Author: Мæхæмæтты А.А.  

Tags: история  

ISBN: 978-5-8336-1010-7

Year: 2019

Text
                    УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ НАУКÆÆМÆ УÆЛДÆР АХУЫРАДЫ МИНИСТРАД
УÆЛДÆР АХУЫРАДЫ ФЕДЕРАЛОН ПАДДЗАХАДОН БЮДЖЕТОН
АХУЫРАДОН УАГДОН «ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ НОМЫЛ
ПАДДЗАХАДОН УНИВЕРСИТЕТ»
ИРЫСТОНЫ
ЖУРНАЛИСТИКÆЙЫ
ИСТОРИ
III рауагъд,
2-аг хай
Дзæуджыхъæу
2019


ББК 76.003 И89 И 89 Ирыстоны журналистикæйы истори: хрестомати. III рауагъд, 2-аг хай. Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет. - Дзæуджыхъæу: ЦИПУ-йы РПЦ, 2019. - 658 ф. 13ВЫ 978-5-8336-1010-7 АРАЗДЖЫТÆ: Тедтойты З.Х. - профессор, Туаты Б.В. - профессор, Куыдзойты А.Ф. - доцент. Наукон редактор - историон наукæты доктор, профессор, Уæрæсейы Ахуырады Академийы уæнг-корреспондент Мæхæмæтты А.А. Рецензенттæ: филологон наукæты кандидат, газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Битарты М.М.; филологон наукæты доктор Сокаты Д.В. Мыхуыргоид цæуы УÆ ФПБАУ «ЦИПУ»-йы редакцион-рауагъдон советы уынаффæмæ гæсгæ Аразджытæ бузныг зæгъынц, чиныг рауадзынмæ цæттæ кæн- гæйæ сын чи баххуыс кодта, уыдонæн - Хъойбайты Галинæйæн, филологон наукæты кандидат, доцент Санаты Ритæйæн, педагогон наукæты кандидат Цæрикъаты Фатимæйæн. ББК 76.003 © Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты рауагъдон- 18ВИ 978-5-8336-1010-7 полиграфион центр,2019
РАЗНЫХАС ^ Вк^ Ирыстоны журналистикæйы истори куыд сæрмагонд дисциплинæ ахуыр кæнынц арæзт «Журналистикæ»-йы бакалавриаты студенттæ. Ацы курс хауы профилон дисциплинæты нымæцмæ æмæ у периодикон мыхуыры, радио æмæ телеуынынады кусджыты иумæйаг ахуырадон æмæ профессионалон цæттæдзинады программæйы ахсджиаг хай. Хрестоматийы (1-Ш рауагъдтæ) æвдыст цæу ынц Ирыстоны журналистикæйы рæзты миниуджытæ, хицæндзинæдтæ алы историон дугты, йæ бастдзинад падцзахадон хицау иу æгады хуызимæ. Журналистикæйы историон-теоретикон æмбарынæдты фæзынд æнгом баст у фысджыты, редакторты, чиныгуадзджыты архайдимæ. Чингуытæм - хрестоматитæм (III рауагьд, 1-2 хæйтгæ) хаст æрцыдысты зындгонд ирон журналистты, фысджыты, ахуыргæндты публицистикон уацмыстæ - ХХ-æм æнусы 50-60 азты ирон æвзагыл журнал «Мах дуджы» мыхуыргонд æрмæджытæ. Уыцы рæстæджы Ирыстоны журналистикæ рæзти куыд иумæйаг историон- культурон, историон-публицистикон процесс. 3
Уыцы рæстæджы ирон журналистикæйы истори ахуыр кæнын райдыдтой системон хуызы, журналистикæйы истори зонын сси профессионалон журналистон ахуырады ахсджиаг хай. Чиныг аразджытæ -<©$©>— 4
1960 *© ^кв. Хæблиаты Сафарбег ÆФСЫМÆРОН ПОЛЬШÆЙЫ Цыфæндыйæ дæр, æвæццæгæн, тынг бафæлладыстæм, æндæра нæм Брестæй Варшавæмæ фæндаг ахæм æнæкæрон дард нæ фæкастаид. Æмæ куыд нæ: цалдæр суткæйы поездæй ма рахиз, зæрдæйы фаг де уæнгтæ ма айваз. Польшæйаг зæххыл нæм, фыццаджыдæр, диссаг цы фæкастис, уыдон уыдысты мæнæу æмæ хъæбæрхоры куыристæ. Æрмæст нæм уæд бахъардта бынтондæр, Райгуырæн бæстæйæ куыд дард ахæццæ стæм; уый уыдис æндæр, нырма æхсырф æмæ найгæнæн машинæйæ кæм пайда кæнынц. иумæйаг хъæууон хæдзарад чи нæма зоны, ахæм бæстæйы цæсгом. Куыристы уындмæ мæнæн мæ зæрдыл æрбалæууыдысты сабийы бонтæ, Ирыстоны быдырты ма куыристыл фæстаг хатт амбæлдтæн æртындæс-цыппæрдæс азы размæ. Уæдæй нырмæ рахъомыл, мæнæуы куырис уынгæ дæр чи никуы фæкодта, ахæм фæлтæр, суанг сæ райгуырынæй фæстæмæ уыдон зонынц æрмæстдæр мæнæуы æнæкæрон денджызты ленкгæнæг комбайнтæ. Уыцы хъуыдытæ æз радзырдтон мæ сыхаг Валюк Песловæн. Уый у экономикон наукæты кандидат, аспирантурæ каст фæцис Ленинграды, иттæг хорз зоны Полыпæйы хæдзарадон фарстатæ æмæ уымæ гæсгæ йемæ ныхас кæнын бæстæ базоныны тыххæй уыд стыр пайда. — Æз дæ хорз æмбарын, - дзуапп радта Валюк Песлов. — Уæрæсейы цалдæр азы фæдæн æмæ хæстæг базонгæ дæн советон экономикæимæ. Раст ды куыд дис кæныс куыристыл, мæнмæ дæр афтæ диссаг кастысты фыццаг рæстæджы уе ’нæкæрон хуымтæ. 5
Ды, æвæццæгæн, зæгъыс, æмæ мах быдыртæ сты, сæдæгай азты размæ куыд уыдысты, афтæ. Кæд дæм æцæгæйдæр ахæм хъуыды ис, уæд рæдийыс. Польшæ сæрибаргонд куы нæма æрцыдис, уæд цалдæр мин помещичы къухы уыдис æппæт хуымзæххыты раст æмбис, дыууæ милуан зæхкусæгон хæдзарадмæ та - хуымты фынддæс проценты, иннæтæ уыдысты кулактæм. Валюк Песлов исдуг ныхъхъус, тамако ссыгъта æмæ дзырдта дарддæр. — Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмон хицауад помещикты зæххытæ райста æмæ сæ байуæрста зæхкусджыты æхсæн. Фæлæ ныртæккæ дæр зæхх хицæн адæймæгты исбон кæй у, уый æвзæрырдæм зыны хъæууон хæдзарадыл: куыд æмбæлы, афтæ пайда кæнæн нæй агротехникæйы æппæт амындтæй æмæ машинæтæй. Ахъуыды-ма кæн дæхæдæг - ныртæккæ нæ бæстæйы ис цыппар милуан хицæн хæдзарады. Раст зæгъын хъæуы, куыдфæстæмæ Полыпæйы хъæууон хæдзарад сындæггай цæуы кооперацигонд, уый арæхæй- арæхдæр домы цард. Зæхкусджытæ сæ фæллой кооперативон бындурыл аразынц æрмæстдæр бархийæ. Дæс азы размæ Кане, зæгъгæ, иу хъæуы арæзт æрцыдис фыццаг кооператив Щецины воеводствойы. Кооператив æдзух æлхæны алыхуызон хъæууонхæдзарадон машинæтæ, хъацæнтæ, кооперативы уæнгты æфтиæгтæ азæй-азмæ рæзынц. Уымæ гæсгæ йæ саразынæй абоны онг кооператив фæцис æртæ хатты стырдæр. Æмæ ахæмтæ нæ бæстæйы иу æмæ дыууæ нæй. Æппæтæй фылдæр нæм ныртæккæ ис хъæууонхæдзарадон къордтæ - алы æртыккаг хъæуы дæр. Уыдон сты кооперацийы тæккæ хуымæтæгдæр хуыз: зæхкухджытæ иумæ пайда кæнынц кусæнгæрзтæй, иумæ аразынц æмæ амал кæнынц алыхуызон арæзтадон æрмæг, æххæст кæнынц хуымтæм донуадзæн куыстытæ. — Куыд экономист, афтæ мын æнæ æрхæсгæ нæй иу бæрæггæнæн, - дзырдта дарддæр Валюк Песлов. - 1938 азимæ абаргæйæ, ныртæккæ хъæууонхæдзарадон продукцийы рауагъд иу адæймаджы хыгъдмæ фæфылдæр ис 40 проценты. Уыйбæрц сырæзыдысты зæхкусджыты царды уавæртæ дæр. Хæстæгдæр авд азы дæргъы та хъуамæ хъæууонхæдзарадон продукцийы 6
рауагъд фæфылдæр уа 30 проценты. Уымæ гæсгæ уæлдай стырдæр ахадындзинад ис кооперацийæн, уый фадат дæтты хæдзарады мидæг прогрессивондæр методтæй пайда кæнынæн. Раздæр-иу зæхкусæджы трактор бахъуыдис, зæгъгæ, уæд цыдис хъæздгуытæм лæгьстæ кæнынмæ. Ныртæккæ та паддзахад зæхкусджытæн æххуыс кæны алыхуызон машинæтæй, трактортæ, комбайнтæ æмæ æндæр машинæтæ æмæ кусæнгæрзтæ лæвæрд цæуынц хъæууонхæдзарадон къордтæн. Куыдфæстæмæ ахæм къордты сæвзæры коллективон исбонад - социалистон исбонады бындур. Бирæ ма бæргæ фæныхас кодтаиккам, фæлæ уыцы рæстæг æрбазындысты Варшавæйы наукæ æмæ культурæйы Галуаны цырæгътæ, чысыл фæстæдæр та нæ поезд аныгъуылдис электрон цырæгъты денджызы, рæстæг куыд азгъордта, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтам. - Тагъд полыыæйаг хуымты дæр куыристæ фенæн нал уыдзæнис, фæлæ сæ æфснайдзысты æрмæстдæр комбайнтæй, - загъта æппынфæстаг Валюк Песлов. * * * Варшавæйы æрбынат кодтам горæты тæккæ астæу, Краковы ном чи хæссы, уыцы уынджы, студентты дунеон уазæгдон «Джеканкæ»-йы, номдзыд поэт Адам Мицкевичы цырты цур. Ам цæуы горæты сæйрагдæр магистралтæй иу. Кæд æнафон уыдис, уæддæр уазæгдон æмызмæлд кодта - цыдысты туристон къордтæ Чехословакийæ, Францæй, Германы Демократон Республикæйæ, Англисæй, Америчы Иугонд Штаттæй; нæ тæккæ фарсмæ, кабарейы, хъазыдис джаз æмæ кафыдысты фæсивæд. Адвокат Николай Левченкоимæ нын цы уат радтой, уым мах баййæфтам бæрзонд цъæхдзаст лæппуйы. Базонгæ стæм. Уый разындис Краковы хæххон академийы студент Эдуард Шилюк. Кæд каникулты рæстæг уыдис, уæддæр Эдуард Варшавæмæ æрбацыдис хъуыдцаджы фæдыл. Уый у хæххон Академийы студентты цæдисы президент æмæ цæттæ кодта 7
хæххон металлургион промышленносты специалистты дунеон семинар. Семинар хъуамæ æрвыст æрцыдаид октябры, Краковы хæххон Академийы дыууиссæдз азы бон. Ахуыр кæнынмæ куы нæма бацыд, уымæй размæ Эдуард дзæвгар рæстæг бакуыста шахтæйы æмæ тынг сæрыстыр у йæ профессийæ. - Уырны уæ, - дзырдта уый, - æвзалы адæймагæн æрмæст йæ буары нæ ныббады, фæлæ суанг зæрдæмæ ныххизы. Нæхимæ кæддæриддæр куы бафтын, уæд фыццаг бон смидæг вæййын шахтæйы. Йæ сабийы бонтæ Эдуард арвыста Белосточы æмæ хорз дзырдта уырыссагау. Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ цалынмæ Полынæйы уыдыстæм, уæдмæ æвзаг нæ зоныны тыххæй никуы батыхстыстæм, кæимæ æмбæлдыстæм, уыдон, иуæй- иутæй фæстæмæ, æмбæрстой уырыссагау. Уый æппæтæй хуыздæр æвдисæн у, польшæйаг адæм нæ бæстæмæ куыд хæлары цæстæй кæсынц, уымæн. Ноджыдæр нæ зæрдæмæ тынг фæцыдис, фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыр кæныны хъуыддаг сæм куыд хорз æвæрд у, уый. Астæуккаг скъола каст фæуæвгæйæ, адæймаг æнæмæнг хъуамæ зона иу фæсарæйнаг æвзаг, уæлдæр ахуыргонддзинадимæ та суанг дыууæ-æртæ æвзаджы дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы æхсæв мах хуыссæджы мæт нал уыдис æмæ кæрæдзийы фарстаты бын фæкодтам. Эдуарды нæ бæстæйы тыххæй зонын фæндыдис алцыдæр: цыхуызæн у Мæскуы, цавæр ног кинонывтæ æмæ чингуытæ нæ зæрдæмæ тынгдæр цæуынц, ССР Цæдисы адæмты спартакиадæйы уыдыстæм æви нæ, Мæскуыйы метрополитены зæххы бын вестибюлтæ æцæгæйдæр мраморæй арæзт сты, куыд цæрынц советон студенттæ; стыр æхсызгон ын уыдис, нæ горæты дæр егъау хæххон-металлургион институт ис, уый куы базыдта, уæд. Нæ ныхас æрхæццæ ис мæнæ ахæм фарстамæ: - Эдуард, куыд дæм кæсы, æппæтæй фыццагдæр цы фенын æмбæлы Варшавæйы? Эдуард исдуг ницы сдзырдта, стæй, стыр мастимæ рай- хъуысыдис йæ ныхас: 8
- Варшавæимæ куы зонгæ кæнат, уæд уæ иунæг минут дæр рох ма уæд, 1945 азы горæт горæт кæй нал уыдис, уый. Хæдзæрттæ иууылдæр уыдысты дæрæнгонд æмæ сыгъд, уынгты ацæуæн никæуылты уыд. Æвирхъау маст æвзæрын кодта адæймаджы зæрдæйы уыцы бонты Варшавæйы уынд. Йæ зæгъын дæр зын у, æвæдза: авд æнусы дæргъы горæт рæзыдис, арæзтой æмæ йæ фæлгонц кодтой сæдæгай фæлтæртæ æмæ йæ, æппынфæстаг, фашисттæ æвирхъау хæлд фæкодтой. Архивон документтæй куыд рабæрæг ис, афтæмæй гермайнаг сæйраг командовани дзырд радта, цæмæй бындзарæй сæфт æрцыдаид горæт æмæ йын йæ бынаты сарæзтаиккой ног, немыцаг горæт. Уыцы бардзырдæн æххæстгонд æрцыдис æрмæст йæ фыццаг хай, хъуыддаг «ног гермайнаг горæт Варшавæйы» Пъланæй дарддæр нал ацыд. Дыккаг бон советон-полынæйаг хæлардзинады æхсæнады махæн радзырдтой Варшавæйы тыххæй, равдыстой нын документалон киноныв. Ам нæхи цæстытæй федтам, фашисттæ Варшавæ куыд хæлдтой, уый, бирæуæладзыгон бæстыхæйттæ- иу срæмыгътой сæ бындурæй æмæ-иу рыг æмæ фæздæджы бын аззадысты бетон æмæ агуыридуры рæгътæ, огнеметты арт пиллон калдта. Горæты арæзт æрцыдис сæрмагонд пожарон командæтæ, æцæг се хæс уыдис арт хуыссын кæнын нæ, фæлæ, рагацау фидаргонд пъланмæ гæсгæ, Варшавæ судзын. У ый у ыдис 1944 азы, Варшавæйы æдгæрзтæ сыстады заман. Уыцы бонты ист чи æрцыдис, ахæм документалон кинокадртæм кæсгæйæ, адæм æнусты зондзысты гитлеронты фыдракондцзинæдтæ. Æвæццæгæн, немыцаг кинооператортæн хæсгонд æрцыдис, цæмæй Берлины, сæйраг командованийæн, фенын кодтаиккой, Варшавæ халыны пълан куыд æххæстгонд цæуы, уый... Æмæ ныртæккæ, Варшавæйы уынгты зилгæйæ, адæймаг дисы бацæуы: куыд бирæ фæллой æмæ уарзондзинад бавæрд- той варшавæйæгтæ, аразджытæ æмæ архитектортæ сæ райгуы- рæн горæт ноджы рæсугъддæр æмæ аивдæрæй саразыны хъуыд- даджы. Куыд дзурынц, афтæмæй хæсты хæд фæстæ бавнæлдтой, бынтондæр хæлд чи нæ уыд, сæ къултæ ма кæмæн баззадысты, уыцы бæстыхæйттæ аразынмæ. Стæй уæд аразын байдыдтой 9
горæты центры, алфамбылай цæрæн хæдзæртты стыр квартал- тæ. Уый фæстæ та Варшавæйы центр. Гитлеронтæ тырныдтой, полыпæйаг адæмæн зынаргъæй цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр бындзарæй фехалынмæ. Фæлæ Варшавæ райгуырдис дыккагхатт. Демократон Полынæйы фæллойгæнджытæ советон адæмы æххуысæй историон цыбыр æмгъуыдмæ сдзæбæх кодтой, фашистон оккупантты фæстæ цы хъæдгæмттæ баззадис, уыдон. Æнæрхæсгæ нæй иу цифрæ: 1939 азы Варшавæйы цæрджыты нымæц хæццæ кодта милуан æмæ дыууæсæдæ мины онг, 1945 азы та ма дзы баззадис æрмæстдæр дыууæ æмæ ссæдз мин адæймаджы. Ныртæккæ Варшавæйы цæрджыты нымæц фæцис милуанæй фылдæр æмæ феййафы хæсты агъоммæйы нымæц. * * * Дыууæ боны фæстæ араст стæм Закопанемæ; уый у курортон бынат польшæйаг Татрæты, Чехословакийы арæнмæ хæстæг. Æрбынат кодтам отель «Кузнице»-йы, горæтæй иу-æртæ километры æддæдæр, хæхты тæккæ рæбын. Ам хъуамæ нæ фæллад фæуагътаиккам къуырийы дæргъы, скодтаиккам иукъорд экскурсийы Закопанемæ, хæхтæм, Порониномæ - уым иу рæстæг цардис Владимир Ильич Ленин. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаджыдæр райдыдтам, Татрæты æмæ Кавказы хæхты æхсæн иумæйагæй цы ис, уый агурын. Цасдæр рæстæджы фæстæ иууылдæр раиртæстам. нæхи райгуырæн хæхтæ хохы хуызæн фылдæр кæй сты, уый. Æмæ хъуыддаг, ома Татрæты цъититæ, æнусон ихсæр къæдзæхтæ, хæххон уыгæрдæнтæ нæ разындис, æрмæст уый мидæг нæй. Æгæр культурон систы Татрæтæ: кæмфæнды дæр къæйдурæй биноныг амад къахвæндæгтæ, алкæм фæндагамонæн алыхуызон тæлмытæ бæлæстыл æмæ дуртыл: адæймагæн дзы фæдзæгъæл уæвæн ницыхуызы ис. Иу-дыууæ сахаты куы ауайай, уæд дæ фæндаг æнæмæнг æрбахæццæ кæндзæн отельмæ (туристон базæ, уазæгдон æмæ ресторан). Цыбыр ныхасæй, хæхты мидæг хъæдцагхуыз æрдз ссарæн нæй, кæд цыфæнды рæсугъд сты, уæддæр. Фæлæ ивгъуыд æнусы дыккаг æмбисæй фæстæмæ 10
ардæм æдзух цæуы æнæнымæц бирæ туристтæ æппæт Европæйæ дæр. Уæд зындгонд дохтыр Хаубинский рабæрæг кодта, амы климæт æнæниздзинадæн стыр ахъаз кæй у, уый. Дохтырмæ исбонæй цыдæридцæр уыдис, уый иууылдæр схардз кодта уазæгдæттæ, санаторитæ, фæндæгтæ аразыныл, æмæ дзы уый тыххæй йе ’мбæстонтæ сты стыр бузныг, Хаубинский куы амардис, уæд ын æвæрд æрцыдис цырт Закопанейы: скульптурон къорды дохтыримæ ис йæ фæндагамонæг Сабала, гураль, ома хохаг лæг. Сабала уыдис адæмон кадæггæнæг, йæ аргъæуттæ æмæ кадджытæ мыхуыргонд æрцыдысты хицæн чиныгæй. Иуахæмы æз базонгæ дæн Чеслава Людваимæ, краковаг чызг, каст фæцис Ягеллонты университет æмæ ныртæккæ ахуыргæнæгæй кусы Закопанемæ хæстæг санаторон скъолайы. Мæнмæ стыр диссаг фæкастис, куыд бирæ уарзы хæхтæ, уый. Алы бон дæр, къæвда уа, хур уа, уæддæр куысты фæстæ араст вæййы хæхтæм æмæ суанг изæры онг фæразил-базил кæны. Чеслава разындис иттæг хорз æмбал амы цардимæ зонгæ кæныны тыххæй экскурситы цæуынмæ: кæцыфæнды фæндаг, суадон, къох, кæцыфæнды къуым дæр зоны йæхи æнгуылдзтау. У ымæй уæлдай Европæйы рагондæр университет каст кæй фæци, уымæ гæсгæ иттæг хорз зоны истори, литературæ, аивад. Кæд уырыссагау уыйас рæвдз нæ уыдис, уæддæр кæрæдзи æдзухдæр æмбæрстам. Йæхи та сæрыстырæй хоны гуралька, хохаг чызг. - Цæй, гуралькæ, кæцырдæм адардзыстæм абон нæ фæндаг? - бафарстон-иу æй æз. - Халя Гошеницовамæ. - Æмæ дзы диссагæй цы фендзыстæм? Стæй фæндаг дард у? - Иу-дыууæ, дыууæ сахаты æмæ æрдæгмæ бахæццæ уыдзыстæм. Уынгæ та дзы фæкæндзыстæм хæхтæ, диссаджы рæсугъд айнæджытæ. Дыккаг бон дæр та афтæ. - Схизæм Губалувкæмæ, - дзырдта Чеславæ. - Æмæ цы фендзыстæм? - Гевонт. О, ды йæ зонгæ дæр нæ кæныс, Гевонт цы у, уый! Фæуæд Гевонт дæр, фендзыстæм, цымæ цы разынид. Губалувкæмæ, Закопанейы сæрмæ цы хох ис, уырдæм у фунику- 11
лерæй схизгæ. Æнæнымæц бирæ адæм ам сæхи ауагътой къан- нæг хæсгæ сынтæджытыл, къæлæтджын бандæттыл, чырынтæ хъæццултыл æмæ хæххон дымгæмæ сæхи хурмæ судзынц. Нæзы хъæдмæ кæсгæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыдис Цъæйы ком, бынмæ кæсгæйæ та Закопане зыны, раст цыма армытъæпæныл ис, афтæ. Æнæдзургæйæ кæсæм, нæ размæ цы диссаджы рæсугъд пано- рамæ айтыгъдис, уымæ. - Уæртæ Гевонт дæр, - ацамыдта Чеславæ. Хох та разынд. Бирæ мын фæдзырдта Чеславæ кадæг, æмæ йæ æз дæр æппынфæстаг бамбæрстон. Кадæг куыд амоны, афтæмæй полыиæйаг Татрæты тæккæ бæрзонддæр хæхтæй иу, Гевонт, у фынæй хæстон. Æмæ æцæгæйдæр, æз бæлвырд раиртæстон айнæгдур хæстоны цæсгом, сæрыхъуынтæ, йæ рахиз уæхскыл къæйдурæй уарт. Рог мигъы къуымбилтæ рæстæгæй-рæстæгмæ асæрфынц хæстоны цæсгом, æмæ уæд афтæ кæсы, цыма, æнæ райхъал кæнгæйæ, уый ивгъуыд æнустæй ленк кæны фидæнмæ. Кæс æмæ кæс Гевонт æмæ уыцы мигъы къуымбилтæм, уæддæр нæ бафæллайдзынæ. - Афтæ у, æнæмæнг, - сразы Чеславæ. Каспаровы Верхмæ схызтыстæм ауындзгæ канатон фæн- даджы вагоны, уыдыстæм отель «Мурованец»-ы - ам йæ заманы цардис Адам Аснык, Татрæты национ поэт, зылдыстæм Закопа- нейыл. Хъус æмæ хъус Чеславæмæ, уæддæр никуы бафæллайдзынæ. Бирæ диссæгтæ мын радзырдта йæ райгуырæн Краковы тыххæй, горæты рагон уынгтæ, аргьуантæ, цыртдзæвæнтæ, Ягеллонты университет æмæ библиотекæйы тыххæй; советон Маршал Конев Краковы кадджын гражданин у, уый та мын афтæ сæрыстырæй загъта, цыма Маршал ме ’мбæстон нæ, фæлæ уый æмбæстон уыдис. Зындгонд куыд у, афтæмæй хæсты заман маршал Коневы тактикон маневры фæрцы Краков хæлд не ’рцыдис, æнæхъæнæй баззадысты историон зынаргъ бæстыхæйттæ æмæ цыртдзæвæнтæ, уымæ гæсгæ горæты цæрджытæ стыр арфæйаг сты Коневæй. Бирæ мын фæдзырдта Чеславæ костел Мариацкийы, къаролты рагон галуан Вавелы тыххæй, уым ис ахæм нывæфтыд гауызтæ, æмæ дзы зындгонд 12
фламандаг мастертæ афæдзы дæргъы кодтой æрмæст иу æмæ æрдæг квадратон метры. Иуахæмы бадтыстæм отель «Схрониско»-йы. Сахатмæ æркæсгæйæ, Чеславæ загъта: - Байхъус-ма ныртæккæ радиомæ. Дыууадæс сахатыл райхъуыстис хæстон уадындзы зæлтæ, фæлæ-иу æрдæгыл аскъуыдысты. Æмæ афтæ цыппар хатты, стæй уæд куранттæ банымадтой рæстæг æмæ райхъуысыдис музыкæ. - Краковы гимн, — сдзырдта Чеславæ æмæ мын рахабар кодта. Æртындæсæм æнусы, Батыйы æфсæдтæ Полыпæмæ куы ныббырстой, уæд сæ Краковы цур фыццагдæр федта костел Мариацкийы мæсыджы бæрзæндæй хъахъхъæнæг. Æфсæддон йæ уадындзæй самадта фæдис, фæлæ мелоди кæронмæ нæ ахæццæ, æмбисыл æй аскъуыдта монгойлаг фат. Æмæ уæдæй нырмæ баззадис ахæм æгъдау: алы сахат дæр костел Мариацкины - Краковы егъаудæр аргъуаны мæсыгæй, цыппар хатты, дунейы цыппар кæронмæ айхъуысынц æфсæддон уадындзы зæлтæ æмæ та æмбисыл аскъуийынц. - Науæд университет та, - мысыдис æндæр хатт Чеславæ. - Ягеллонты университет у рагон Прагæйы университеты æмгар, ахуыр дзы кодта, стæй куыста номдзыд Николай Коперник. Зоныс, - бахудтис чызг, - суанг уыцы рæстæг стыр кад уыдис наукæйæн: цæмæй цæфхæдты æмæ цæлхытыуынæр студентты ма хъыгдардтаид, уый тыххæй университеты алфамбылай уынгтæ уыдысты рæхыстæй æхгæд, барæг кæнæ дзы уæрдонæн ацæуæн куыд нæ уыдаид, афтæ. Рæхысы гæбæзтæ æмæ цæджындзтæ ма дзы баззадис абон дæр. Ягеллонты у ниверситет каст фесты Полыиæйы бирæ номдзыд ахуыргæндтæ, фысджытæ æмæ æхсæнадон архайджытæ. Уымæн бæстæйы культурæ æмæ наукæйы рæзты мидæгуыд æмæ ис стыр ахадындзинад, уæлдайдæр та ныртæккæ, фæллойгæнджытæн дзы ахуыры фадат куы фæцис, уæд. Фондз азы дæргъы æнæзмæлæг уыдысты университеты аудиторитæ æмæ наукон лабораторитæ, - дзырдта дарддæр 13
Чеславæ.-Фашисттæсæхгæдтойуниверситет 1939азы, ома, дам, поляткæ, стæй иннæ славянаг адæмты уæлдæр ахуыргонддзинад ницæмæн хъæуы. Бирæ профессортæ æмæ наукон кусджытæ ахст æрцыдысты æмæ сæ бакодтой Берлины фарсмæ концентрацион лагерь «Саксен-Хаусен»-ы, фехæлдтон лабораторитæ, фæдавтой æмæ басыгътой Ягеллонты библиотекæ. Фæлæ университет кусын байдыдта, куыддæр Советон Æфсад Краков суæгъд кодта, афтæ. Ахуыры тыххæй фидын кæй нал хъæуы, стæй стипендиты фæрцы университетмæ цæуыны фадат фæцис фæллойгæнджытæн... — Æз рагæй бæллын Мæскуыйы университет фенынмæ, - фæцис йæ ныхас Чеславæ. - Æмæ цалынмæ фенон, уæдмæ æнцайгæ дæр не ’ркæндзынæн. Æмæ афтæ æрмæсг Чеславæ Людва нæ дзуры. Нæ бæстæ фенын, не ’нтыстдзинæдтимæ базонгæ уæвын - уый у, кæимæ æмбæлдыстæм æмæ ныхас кодтам, æппæт уыцы полякты иумæйаг бæллиц. * * * - Абон экскурсийы цæуæм Порониномæ, Ленины музеймæ, - фехъусын кодта райсомæй нæ тæлмацгæнæг Ядвига Сапея. Бæрзонд, райдзаст хъæдын хæдзар лæууы тæккæ хохрæбын, Татрæтæм хæстæг. Хæдзар амад у биноныг лæгъзгонд нæзы хъæдæй, йæ рудзгуытæ кæсынц Закопанемæ фæндаджырдæм, хохы фахсыл чи цæры, уыцы гуральты къаннæг хæдзæрттæм. Владимир Ильич кæм цардис, уыцы хæдзары тæккæ цур иу кæнынц дыууæ чысыл цæугæдоны - Поронец æмæ Урс Дунаец. Ардыгæй 1912-1914 азты фæллойгæнджыты фæтæг разамынд лæвæрдта Уæрæсейы революцион змæлдæн. Уæрæсемæ цæмæй хæстæгдæр уа, уый тыххæй Владимир Ильич 1912 азы Парижæй æрбалыгъдис Галицимæ (афтæ хуыдтой уæды заман Полыиæйы зæххытæй Австро-Венгрийы къухы чи уыдис, уыцы хай). Раздæр Владимир Ильич æмæ Надежда Константиновна Крупская æрцардысты Краковы. Фæлæ 1913 азы Надежда 14
Константиновна фæрынчын ис5 æмæ сфæнд кодтой Татрæтырæбын æрцæрын. Равзæрстой Поронино. Галицийы дыууæ хатты уыдис партийы Центрон Комитеты уæнгтæ æмæ партион кусджыты æмбырдтæ. Æмбырдты хаст æрцыдис ахсджиаг уынаффæтæ революцион змæлды фарстаты фæдыл. Поронинойы Владимир Ильич Ленины номыл музей байгом ис 1947 азы, демократон Полыпæйы фæллойгæнджыты фæндонмæ гæсгæ. Стыр зæрдиагæй музейы æмбырдгонд æрцыдис. Ленины цард æмæ архайдимæ баст чи у, ахæм æрмæг. Польшæйы алы кæрæттæй, стæй æндæр бæстæтæй музеймæ цæуынц мингай фæллойгæнджытæ. Музейы хæдзар æрцьщис реставрацигонд. Ныртæккæ уый у, Владимир Ильич æмæ дзы Надежда Константиновна куы цардысты, уæд куыдцæриддæр уыдис, уыцы хуызы. Аст уаты мидæг æвæрд ис гуральты конд хъæдын хæдзары дзауматæ. Бирæ хуызистытæ æмæ æндæр æрмæг дзурынц Ленины цард æмæ революцион архайды тыххæй. Ацы хæдзар абон дæр у советон-польшæйаг хæлардзинады стыр æвдисæн. * * * Краковы æрлæууыдыстæм, Эдуард Шилюк кæм ахуыр кæны, уыцы Хæххон Академийы æмдзæрæны. Куыддæр æрбахæццæ стæм, афтæ сæмбæлдыстæм Эдуардыл дæр æмæ, куьщ рагон хæлæрттæ, кæрæдзийæн æгасцуай загътам. Эдуарды хуызæн хæларзæрдæ æмæ хъæлдзæг адæймагимæ дыууæ изæры дæргъы, экскурсоводтимæ мæйы дæргъы цы базонай, уымæй фылдæр базонæн æмæ фенæн ис. Раст зæгъын хъæуы, нæ фæндагамонджытæ Анджей Товпик æмæ Ядвига Сапеяйæ дæр рахъастгæнæн нæй, фæлæ, цыфæндыйæ дæр, бæстæимæ мах зонгæ кæнын уыдонæн æрмæст уыдис сæ хæс. Эдуард та æнæкæрон бирæ уарзы Краковы, иттæг хорз ын зоны йæ истори æмæ ныртæккæйы уавæр. Фæндыдис æй, бон æнæвдæлон куыд уыди, уымæ гæсгæ махимæ æхсæв-æхсæвы 15
дæргъы дæр горæты къуымты разил-базил кæнын, цæмæй нæхи цæстытæй фенæм æмæ нæ бауырна, Краковæй рæсугъдцæр горæт æнæхъæн дунейы дæр кæй нæй, уый. Дыккаг изæр мах æхсæзæй - Эдуард, инженер-химик Казимир Дзедзиц, газет «Æрыгон коммунист»-ы кусæг Дзаццеты Тамарæ, адвокат Николай Левченко, сахатгæнæн заводы кусæг Людмила Петрий æмæ æз араст стæм горæты уынгты. Хæсты рæстæджы Николай Левченко уыдис Плиты Иссæйы Бæхджын æфсады æмæ йе ’фсæддон дарæс аласта Полыпæмæ. Уыцы изæр дæр рацыдис хъазахъхъаг дарæсы æмæ тас уыди, бонмæ дæр хæдзар куынæуал ссарæм, уымæй: чи ныл æмбæлдис, уыдон иууылдæр хæсыл нымадтой Николайы къух райсын æмæ иу-цалдæр ныхасы зæгъын. Уый æрмæст Краковы нæ, фæлæ Варшавæ æмæ Закопанейы дæр. Краковы кæцыфæнды бæстыхай, дур кæнæ уынг дæр сты историйы æвдисæнтæ, ис сыл бирæ алыхуызон æмбисæндтæ æмæ кадцжытæ. - Ацы дуртæн æвзаг куы уаид, уæд бирæ диссæгтæ радзуриккой, æвæдза, -рагон быру бахойгæйæ, сдзырдта Эдуард. Быру йæ заманы æртыхстис Краковы алфамбылай, фæлæ горæт куыдфæстæмæ дæрдтыл райрæзыдис, æмæ дурын тæлм астæуæй аззад. Ранæй-рæтты ма дзы хицæн гæбæзтæ абон дæр ис, æнæуи та кæуылты цыд, уым ныссагътой бæлæстæ, æмæ дзы ахъаззаджы фæтæн аллея рауадис. Краковы цæрджытæ ам сæ фæллад уадзын бирæ уарзынц. Бæлæсты æхсæнты кæцырдæмфæнды дæр куы ацæуай, уæддæр æппынфæстаг æрбахæццæ уыдзынæ Вавельмæ - къаролты рагон галуанмæ. Аллеяйæ чысыл æддæдæр рацæугæйæ, æрбахæццæ стæм горæты сæйраг фæзмæ, Мицкевичы цыртдзæвæнмæ. «Адам Мицкевичæн. Адæм», - æрттывтой цырæгъты мынæг рухсмæ сызгъæрин дамгъæтæ. Мæнæ горæты уынæр сæ быны фæкодтой хæстон уадындзы сыгъдæг зæлтæ, уыдон райхъуысыдысты костел Мариацкийы мæсыгæй. - Раст ацы ранмæ фашисттæ æртардтой Краковы цæрджыты æмæ сæ бафтыдтой доны бассейнтæ къахыныл, - дзырдта костел 16
Мариацкийы цур Казимир. - Æмæ дзы цы ракъахтой, уый зонут? Рагон сæндоны хæлддзæгтæ, йæ дуармæ та адæймаджы стæгдар. Стæгдары къухтæ баст уыдысты йæ чъылдымыл. Куыд нымайынц, афтæмæй уый уыдис тæтæр-монгойлаг фыдгæнджытæй. Уыцы хабар уайтагъд æнæхъæн горæтыл айхъуысыди, æмæ дыккаг бон гитлеронтæ дисы бацыдысты, кусынмæ куыд бирæ адæм рацыдис, зæгъгæ. «Кусджытæ» та иууылдæр уыдысты ахуыргæндтæ - историктæ, археологтæ, этнографтæ, белтæй уæлдай ма се ’ппæтмæ дæр уьщис фотоап- параттæ. - Ныртæккæ та уæ, Уæрæсейы дæр æмæ æнæхъæн дунейы дæр чи нæй, ахæм бынатмæ бакæндзыстæм, - æндæрæрдæм аздæхта Казимир æнæнхъæлæджы йæ ныхас. - Уагæры цавæр диссаг у? - Бар «Пасека», - радтой нын цыбыр дзуапп. Горæты сæйраг фæзмæ хæстæг рагон бæстыхæйттæй иуы æрбынат кодта талынггомау чысыл бар. Ардæм æрбацæугæйæ, адæймагмæ афтæ кæсы, цыма æвддæсæм æнусмæ бахызтис. Алыхуызон нывтæ æмæ цыбыр æмдзæвгæтæ, стъолтæ æмæ бандæттæ баззадысты, æртæ сæдæ азы размæ куыд уыдысты, уыцы хуызы. Мыд йеддæмæ ам ницы æндæр нозт ссарæн ис, фыцгæ дæр æй кæнынц, цалдæр æнусы размæ йæ куыд кодтой, афтæ. - Уæлæ ма къултыл уыцы нывтæм скæсут, - загътой нæ польшæйаг хæлæрттæ. - Рагæй æрæгмæ дæр «Пасекæ»-мæ цыдысты нывгæнджытæ, фысджытæ æмæ артисттæ. Æхца сæм гæзæмæ куыд уыдис, уымæ гæсгæ алчидæр фидгæ кодта натурæйæ, ома хæсыл нымадтой хæдзары хицауæн хъæлдзæг æмдзæвгæ, науæд ныв ныууадзын. - Куыд раиртæстам, афтæмæй поляктæ бирæ уарзынц сæ истори, сæ традицитæ, стыр патриоттæ сты, - бафиппайдта махæй чидæр. Æмæ уый фæдыл нæхас бацайдагъ. Дыууæ цауы мæ амæлæты бонмæ дæр нæ ферох кæндзынæн. Къарольты галуан Вавелы ис, Кафедралон костел кæй хонынц, уыцы аргъуан, дины центр. Тæккæ хъæздыгдæр магнаттæ стыр кадыл нымадтой 17 2
аргъуаны æмкъул мыггаджы кувæндон саразын, æмæ уый къухы æнцонтæй æфтгæ дæр нæ кодта. Вишневецкийтæ æви Мнишектæ, бæлвырдæй нæ хъуыды кæнын, сæ кувæндоны сæр бамбæрзтой сызгъæрин æхцатæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст Краковы цæрджытæ нæ, фæлæ поляктæ иууылдæр зонынцуыцы хабар. Цæмæй немыц хъуыддагæн мацы бамбарой, уый тыххæй хæсты заман сызгъæрин фæкодтой писийы бын. Æмæ æнæхъæн бæстæйы мидæг у ый немыцæн чи схъæр кодтаид, ахæм гадзрахатæйцæуæг нæ разындис. Уый у, Полыыæйы адæм сæ райгуырæн бæстæ цас уарзынц, уымæн тæккæ хуыздæр æвдисæн. Сызгъæрин та абон дæр тæмæнтæ калы сæрибары хуры тынтæм. Стæй ма ноджыдæр. Костел Мариацкийы алтарь у сыгъдæг сызгъæрин æмæ хъæдæй конд, аивадон стыр ныв, цæуы йыл къорд æнусы. Уый у Польшæйы национ кувæндон, сæрыстыр дзы сты æрмæст дингæнджытæ нæ, фæлæ адæм иууьшдæр. 1939 азы куы рабæрæг ис, немыц Краков бацахсдзысты, уый, уæд хаст æрцыдис уынаффæ алтарь фервæзын кæныны тыххæй. Кæцы ран æмбæхст ис, уый зыдтой æрмæст аргъуаны æртæ сауджыны. Оккупанттæ стыр æнувыдæй агурын байдыдтой алтарь, фæлæ дзæвгар рæстæджы сæ къухы ницы æфтыдис. Сауджынтæн æвирхъау фыдмитæ кодтой, афтæмæй дзы дыууæ амардис. Æртыккаг схъæр кодта æмбæхсæн. Куыд дзурынц, афтæмæй йын æндæр гæнæн дæр нал уыдис: уый дæр ма куы амардтаиккой, уæд мыггагмæ фесæфтаид алтары фæд. Фашисттæ сæ чъизи дзæмбытæ ныссагътой бæстæйы тæккæ зынаргъдæр хæзнайы. Аластой йæ Нюрнбергмæ æмæ æрмæст фарон æвæрд æрцыдис йæ бынаты. * * * Уыцы бон уыдыстæм Освенцимы. Раздæры концентрацион лагерæй арæзт æрцыдис пад- дзахадон музей. Фашизмы ныхмæ тохы сæ сæртæ нывондæн чи æрхаста, уыдонæн кад раттынмæ ардæм дунейы алы рæттæй æнæсцухæй цæуынц мингай адæймæгтæ. 18
Хæсты размæ Освенцимы уыдысты польшæйаг æфсæдты къазарматæ: агуыридурæй амад дыууæуæладзыгон хæдзæртты æнæхъæн городок. Фашисттæ сæ æрæхгæдтой дыууæ рæнхъы сындз телæй æмæ дзы ауагътой электрон ток. Ток афтæ тыхджын уыдис, æмæ телыл æндзæвгæ нæ, фæлæ йæм хæстæг бацæуæн дæр нæ уыдис. Раст нырыккон машинæтæаразæн завод куыд бæлвырд конд у, афтæ ам дæр æппæт дæр арæзт уыдис иу нысанæн-адæмы цæгъдынæн. Европæйы фидауц, йæ ныфс æмæ йæ фидæн, йæ хуыздæр хъæбултæ мæлæт ссардтой Освенцимы. Кæд фашисттæ цыфæндыйæ дæр сæ фыдраконддзинæдты фæд бамбæрзыныл архайдтой, уæдцæр дзы ницы рауад, уымæн æмæ æгæр тагъд-тагъд кодтой, æгæр бæрзæйсæттæн уыдысты Советон Æфсады цæфтæ. Дыккаг Украинаг фронты оператортæ систой киноныв: Освенцим йе суæгъд кæныны рæстæджы. Махæн равдыстой уыцы киноныв. Фæлæ киноныв иу хъуыддаг у, бынтон æндæр та утæппæт фыдраконддзинæдтæ хи цæстытæй фенын. Фыццаг блокмæ тæккæ бацæу æны къулыл гæрзæй гæрзцæ фыст: «Уыдон уыдысты цыппар милуаны!» Цыппар милуаны! 28 адæмыхатты 18 бæстæйæ. Сæрмагонд алтарыл авджын конусы мидæг адæймаджы фæнык, йæ цуры æхсæв дæр æмæ бон дæр арт нæ хуыссы, йæ сæрмæ æстдæс бæстæйы паддзахадон тырысатæ. Экскурсовод йæхæдæг дæр бадтис Освенцимы, фæлæ йæ Советон Æфсад суæгъд кодта. Уый нæ кæны блокæй блокмæ, æмæ иу иннæйы фæдыл уынæм æвирхъау фыдраконддзинæдты нывтæ. Суанг улæфын дæр адæймагæн зын у, афтæ кæсы, цыма фындцæс азы фæстæ дæр туджы æмæ адæймаджы фæнычы тæф уæлдæфæй нæма схицæн. Чи фæдзурдзæн музейы æппæт экспонатты тыххæй, фæлæ дзы иуæй-иуты кой æнæ скæнгæ нæй. Авджын витринæты мидæгæй сылгоймаджы сæрыхъуыны æнæхъæн рæгьтæ. Суанг сывæллæттæ дæр нæ аирвæзтысты иумæйаг хъысмæтæй: ленты гæбæзтæ æмæ быд дзыккутæм гæсгæ бæрæг у, сæ хицауыл цыппар - æхсæз азæй фылдæр кæй нæ цыдис, уый. Цæмæн бахъуыдис фашистты сылгоймаджы сæрыхъуын? Уый дæр нын фенын кодтой: æвæрдтой йæ костюмты, мундирты æмæ пъалтоты риуы. 19
Æмæ цынæ ластой ардыгæй Германмæ: къахыдарæс æмæ дзаумасæрфæн щеткæтæ, ахст адæмæй ист къахыдарæс, чемодантæ æмæ хызынтæ, кæсæнцæстытæ, кастрюлкæтæ æмæ тæбæгътæ, сывæллоны хæдæттæ, суанг лæдзæгтæ æмæ протезты онг. Æппæт уыдæттæ æнæнымæц бирæ, æнæхъæн рæгътæ. Лагеры адæм цавæр удхæрттæ кодтой, уый зыны Освенцимы коменданттæй иуы, Фритчы, приказæй: «Сымах ардæм санаторимæ не ’рбахаудтат, фæлæ немыцаг концлагермæ, кæцыйæ æдцæмæ фæндаг ис æрмæстдæр крематорийы тохынайæ. Кæй зæрдæмæ нæ цæуы, уымæн бар ис йæхи сындз телыл баппарынæн. Лагермæ цы дзуттæгтæ æрбахауы, уыдонæн цæрыны бар ис дыууæ къуырийы, сауджынтæн - мæй, иннæтæн та æртæ мæйы». 1940 азы ногбон æхсæв лагеры ахст адæмæн кæрты сæвæрдтой заз бæлас, æрлæууын сæ кодтой, æмæ комендатурæйы минæвар радзырдта: - Ацы заз бæлас уæ царды мидæг уынут фæстаг хатт. Ногбоны «лæвæрттæ» та уын йæ быны. «Лæвæрттæ» уыдысты, лагеры мард чи æрцыдис, уыцы адæм. Æнæ зæгъгæ нæй францусаг сылгоймаджы дыууæ хуызисты тыххæй. Лагермæ куы бахаудта, уæд йæ уæз уыдис 75 килограм- мы, уæгъдгонд куы æрцыдис, уæд та æрмæстдæр 25 килограм- мы. Зын бамбарæн нæ уыдис атæппæт хабæртты фæстæ Эдуард Шилюкы маст. Иуахæмы уый ныхас кодта хурныгуылæн гермайнаг туристимæ. Турист разы нæ уыдис, Польшæ æмæ Германы æхсæн паддзахадон арæн Одер æмæ Нейссейыл кæй цæуы, уымæй. - Рох дæ ма уæд, ныртæккæ 1939 аз кæй нал у, уый, - дзуапп ын радта Эдуард. Раст зæгъы Эдуард. Хорз уаид, рæстæг кæй цæуы æмæ стыр ивддзинæдтæ кæй хæссы, уый чидæртæ сæ зæрдыл куы дариккой, уæд. 20
* * * Мæнæ æрбаздæхтыстæм Брестмæ дæр, æрлæууыдыстæм Райгуырæн зæххыл. Базонгæ стæм Польшæйы адæмы цардимæ, æфсымæрон бæстæимæ, скодтам бирæ зонгæтæ - англисæгтæ, чехтæ, французæгтæ, арабтæ, немыцæгтæ. Иу цау мæ нæ ферох уыдзæн. Краковæй Варшавæмæ куы æрбацæйцыдыстæм, уæд нæ купемæ æрбабырстой кипраг лæппу Яннис Папагеоргиос æмæ ливайнаг студент Ахмед Найа. - Ленин, Ленин, - йæ риумæ амонгæйæ дзырдта Яннис, саулагъз, сауцæст лæппу. Ку ыд æй бамбæрстам, афтæмæй уый домдта Ленины нывимæ значок. Мах не значоктæ иууылдæп раджы байуæрстам, фæлæ уæддæр лæппу домдта: -Ленин, Ленин... Яннис æмæ Ахмед уымæй размæ æрзьшдысты æппæт купетыл, æмæ алкæм дæр домдтой Ленины значок. - Æмæ цы фæкæндзынæ Ленины? - бафарста Яннисы Мария Клеякина. - Дæ райгуырæн бæстæйы Ленины тыххæй ахæстоны куы бадын кæнынц. -Уый нæ уыдзæн! -сæрыстырæй загътаЯннис Папагеоргиос. - Æз Ленины кæдфæнды дæр хæсдзынæн мæ риуыл! Яннис Папагеоргиос ахуыр кæны Лондоны университеты, зонгæ у Ленин æмæ Сталины иуæй-иу уацмыстимæ. Университетмæ куы нæма бацьщис, уымæй размæ та бакастис грекъаг æвзагьш сусæгæй мыхуыргонд чи æрцыдис, Ленины ахæм къорд статьяйы. Æппынфæстаг самал кодтам Ленины значоктæ æмæ фидаргонд æрцыдысты Яннис Папагеоргиосы æмæ Ахмед Найайы риутыл. Æгæр дæргъвæтин рæстæг кодтой фæсарæйнаг фæсивæдæн алыхуызон æрæмысгæ ныхæстæ Советон Цæдисы тыххæй, фæлæ империалистон пропагандæйы къухы бирæ нæ бафтыдис. Америкаг, науæд æндæр хурныгуьшæйнаг туристтæй кæуыл сæмбæлдыстæм, уыдонæй иуы дæр нæ уырныдта, мах нæхи 21
сæ ныхмæ хæцынмæ цæттæ кæнæм, уый. Сеппæтмæ дæр ис иу бæллиц - Советон Цæдис, космикон ракетæтæ æмæ спутникты бæстæ хи цæстытæй фенын. Фæлæ уый бирæтæн сæ къухы не ’фты - балцы фаг æхца æрæмбырд кæнын сæ бон нæу. Æмæ уыцы бæллиц, уыцы ныхæстæм хъусгæйæ, мах иууылдæр æдзух сæрыстыр уыдыстæм нæ Райгуырæн бæстæйæ, хуыздæр ын бамбæрстам йæ дунеон ахадындзинад. —<©$©>— 22
Баситы Михал БÆЛЛИЦЦАГ ФИДÆН Цал æмæ цал хатты бацыди лæг ацы комыл, цал æмæ цал хатты йын федта йæ хæххон æрдзы нывтæ. Æхсызтон кæмæн нæу йæ райгуырæн бæстæйы рухс! Тæмисчъы санаторимæ хæстæг машинæ йæ фесхъиу- фесхъиуæй фенцайы. Раздæр цинкласджыты уæрдæттæ гыбар- гыбургæнгæ хъавгæ кæм æнкъуысыдысты, бæхты-иу сæрсæфæн айнæггæрæтты тæрсгæ-ризгæйæ сæ рохтæй кæуылты бакодтой, уым ныр хæдтулгæтæ æхсæвæй-бонæй уайынцуæрæх фæндагыл. Уыналы фæзилæнæй чысыл бауадтæ, уæд дæ къух баиваз, æмæ дын мæнæ комы стырдæр хъæу - шахтерты поселочы кæрон. ...Машинæ хæдзæртты æхсæнты хæрдæй фæуæле, къаннæг доны сæрты хидыл бауад, къæдзæхы сиукъы иувæрсты базылд æмæ асфальтæй астæрд уæрæхгомау фæзы æрлæууыд. Æрхæццæ стæм Мызурыбынмæ. Æз машинæйæ рахызтæн, æнæмит зымæджы саст уазал мæ уайтагъд йæ хъæбысы акодта. Автобусы моторы гуыв-гуыв раивтой дымгæйы къуыззитт æмæ комы доны æнæнцайгæ сыр-сыр. Дыууæрдыгæй бæрзонд фæцыдысты бæгънæг, æнæбæлас, æнæмит хохрæгьтæ, сæ астæу поселок. Ам кæмдæридцæр ис стыр змæлд - зæххыл, уæлдæфы, бæрæг у - зæххы бын дæр... Куыст æхсиды, трубатæ æмæ фæздæг арæх никуыцæй зыны, кæмдæр зилынц машинæтæ, сæ уæлхъус архайынц адæм, уыдон сты тынг æнæвдæлон... Фæндагæй иуварс, хохы рæбын æрныгъуылди агуыридурæй амад стыр агъуыст; йæ къабæзтæй иуы царæй, кæфой-дзыхау, æдцæмæ ацыди æрбайсæн хайад. Уæле йæм рагъы сæрты Садонгомæй къанаттыл æрдæтт-æрдæтт кæнынц вагонеткæтæ æрзæтæй дзагæй. Вагонеткæтæ кæрæдзи фæдыл куыд згъорынц, афтæ цыдæр æрбавæййынц фабрикæйы. Гæзæмæ райхъуысы æфсæйнаджы хъыррыст, цыдæр хæр-хæр, æмæ та кæфой- дзыхауæй дзедзыройгæнгæйæ рагæпп ласы афтид, «лæмæрст» вагонеткæ. 23
Æнтысгæ та йын куыд кæны уый бæрц! Шахтæтæй йæм алырдыгæй фылдæргæнгæ цæуынц къахт æрзæты чыртæ, уæддæр уый «æгъгъæд» нæ зæгъы, æвæллайгæйæ фæллой кæны хорз, фæразон бæхау. ...Хур хуссайраг рагъыл тулгæ арвы астæумæ сæввахс. Электрон цырагъдар телыхъæдыл стыр сахаты амонæнтæ 12-мæ фæцæйхæццæ кодтой. Фынддæс минуты фæстæ райдайдзæн сихоры улæфт. Сахат æмæ æрдæджы бæрц хъуамæ æнхъæлмæ фæкæсон. Æз сфæнд кодтон, чи мæ хъуыди, уыцы лæгмæ цехмæ телефонæй бадзурын, кæд сæмбæлæм, ууыл баныхас кæныны тыххæй.. - Чи дæ хъæуы? - райхъуыст телефоны трубкæйæ кæйдæр бæзджын хъæлæс. - Æмбал Сорокер. - А, автоматчик? Табуафси. Сорокер мæ сдзурын дæр нал бауагъта. - Ау, уый та куыд? Исчи ма уазæгæн æмгъуыдтæ кæны? Фысым иууыл цæттæ кæд вæййы? Уым æфсæрмыйагæй мурдæр ницы ис. Рацу, рацу, дæ хорзæхæй. Сихоры улæфты сахат дæр нæ никуыдæм алидздзæн... Мæнæ мæ разы æрлæууыд хæрз æрыгон лæппулæг. Æз та йын ас лæг æнхъæл уыдтæн. Йæ мидбылты худгæ мын мæ къух райста: - Сорокеры ды фарстай, æфсымæр? - О. «Автоматчикы», - зæгъынмæ хъавыдтæн æз, фæлæ мæхи баурæдтон: иууыл аив нæ уыдаид. Базонгæ стæм. Змæлд къаддæр кæм уыди, уыцы уатмæ бацыдыстæм. Лев Сорокер стыр фыссæн фæйнæг стъолыл æрцарæзта, скъаппæй цыдæр гæххæтты даргъ тыхтон рахаста, йæ къухмæ мелы къæртт райста. Райдыдта нæ иумæйаг балц ацы стыр æмæ ахсджиаг куыстуаты сомбонмæ. Æз бадгæ, уый лæугæ. Æвæццæгæн, иуварсырдыгæй æрбакæсгæйæ, мах уыдыстæм ахуыргæнæг æмæ студенты хуызæн. Мелы къæртт-иу фæйнæгыл æрхаста æмæ-иу йæ 24
ныфсджын, фæлтæрд къухы бынæй уадидæгæн куы иу схемæ агæпп ласта, куы иннæ. Фыццаг бакастæй ацы куыстуат куыройы хуызæн у, уæдæ цы. Стыр æмæ вазыгджын куыройы хуызæн. Фæлæ йæ уæддæр йæ рæстæджы æрзæтыссæн чи схуыдта иронау, уыдон бынтон раст не сты. Æвæдза, бавдæл æмæ æрзæт иу хатт уæддæр хуымæтæг ссад æркæ æмæ йæ афтæмæй арвит дарддæр заводмæ, «Электроцинк»-мæ, уæд æрмæст ласæггаг дæр йæ хæзнатæй бирæ зынаргъдæр слæууид. Афтæ гæнæн нæй. Æрзæтыл бирæ кусын хъæуы. Фабрикæ йæм хъуамæ зила бынаты мидæг, кæна йæ хъæздыгдæр, сыгьдæгдæр. Æрзæт цалынмæ ам бымтон сыгъдæггонд не ’рцæуы, уæдмæ ацæуы бирæ механизмтыл, гом мигæнæнтыл æмæ æхгæд агтыл, бауадзынц æм дон, базилынц æм содæ, цъæх хос æмæ æндæр ахæм реагенттæй, цавæр æрзæт уа, уымæ гæсгæ. Уыцы вазыгджын, зын процесстæн сæ фылдæр сты механизацигонд. Кусджыты æккойæ уæззау хæссын, тыххæст кæнын ницæуыл хъæуы. Ныр та ам хъуамæ тагъд рæстæг алцыдæр уа автоматизацигонд, ацы фабрикæ æмæ завод «Электроцинк»-æй иу комплекс куыд рауайа, афтæ. Бæстæйы нысангонд æрцыд цалдæр ахæм куыстуаты, æмæ уыдонæй иу у Мызуры æрзæтыссæн фабрикæ. Уыцы бæрнон, стыр æмæ тынг зын куыст хæсгонд æрцыди Мæскуыйы конструкторон бюро «Хуызджын металлты автоматикæ»-йæн, стæй йын Орджоникидзейы горæты цы филиал байгом, уымæн. Лев Сорокер зæрдиагæй ныхас кæны. Галиу къухæй стæм хатт фæтæн ныхæй уæлæмæ сæппары йæ сау бецыкк. Йæ цæсгомæй нæ хицæн кæны фæлмæн мидбыл худт. Схемæ аныв кæны, æмæ та мæ размæ бæлвырд райгом вæййы, æппындæр бамбарын æнхъæл дæр кæмæн нæ уыдтæн, ахæм вазыгджын хъуыддаг. Йæ ныхас - цыбыр, æфсæндоны ныхасау, бæлвырд, æмбæрстгонд, йæ фезмæлд - рæвдз. Автоматчик, æцæг автоматчик! Хæсты быдыры-иу командиртæ тохы гуылфæнмæ æппæты фыццагдæр автоматчикты баппæрстой, размæ фæндаг уыдон гæрстой иннæ æфсæддонтæн дæр. Автоматчик - уый у разæй цæуæг, размæ бырсæг. Æмæ ам дæр автоматизацийæ куыстады 25
тагъдцæр, хуыздæр спайда кæнын дæр тох у! «Автоматчик» Лев Сорокер æмæ йе ’мбæлттæ, йе ’мкусджытæ та авдазоны, техникон прогрессы хæстонтæ сты! Нæуу зæххы фыццаг хахх акæнын уыдонмæ куы æрхауд, ног хъуыддагæн размæ фæндаг айгæрдыны хæс уыдонæн баргонд куы æрцыди! Ам автоматикæйы лабораторийы сæйраг инженер Лев Сорокер дæр, фабрикæйы лабораторийы кусджытæй кæимæ базонгæ дæн, уыдон - техниктæ Михаил Якунин, Олег Шатава, Зоя Портвелова æмæ Валерий Младенцев дæр - алкæмæ дæр сæ ис йæхи зæрдæйы конд, йæхи миниуджытæ, фæлæ се ’ппæт дæр сты сæрæн, хъæппæрисджын адæм. Сæ ныфс бахæсдзысты цыфæнды хæс баххæст кæнынмæ дæр, цардæй фæсте нæ зайынц. Уыдонæй иу дæр автоматизацийы фæдыл сæрмагонд скъола каст нæ фæци, сты хæххон-металлургион институты æмæ техникумы хъомылгонд специалисттæ. Кусынмæ æрбацыдысты ардæм æмæ зæрдиагæй æххæст кæнынц, сæ бæрны сын цы куыст бакодтой, уый. Инженер Сорокер мах хорз базонгæ кодта фабрикæйы уавæримæ, цы дзы у ыдис, цы дзы ис æмæ цы уыдзан, уыдæттимæ. - Ныр, кæд дæ фæнды, уæд цехтыл азилæм. Фен, конд уал цытæ æрцыди, схемæты нæ, фæлæ æцæгдзинадæй автоматизаци скæнын къухы цы бафтыдис, уый, - бахудгæйæ загъта лæппу. Мах ацыдыстæм дарддæр. Иннæ уаты та, улæфты фæстæ, специалисттæ кæм иугæйттæй, кæм къордгæйттæй архайдтой æвæринаг æмæ фæлваринаг аппаратты уæлхъус. Нарæггомау тыргъыл ауайгæйæ, бацыдыстæм дыууæуæладзыгон егъау æнæастæупъол цехмæ. Ам адæймаг æвиппайды бахауы хъæр æмæ гыбар-гыбуры ахасты. Машинæты, лыстæг æмæ стыр механизмты уынæр иу кæны цæлхарæзт змæнтæнты хъыррыстимæ æмæ лæг ницыуал фæхъусы. - Сæрæй райдайæм, - къуырмайæн дзурæгау мын мæ хъусы хъæрæй дзуры Сорокер æмæ пъолы бæсты къаххиды хуызæн нарæг бауайæныл разæй ахызт. 1 ...Æрзæтмургæнæн хайады иуварсырдыгæй ныр дæр ма зыны сæрмагонд барæн æфсæйнаг къусимæ. Раздæр ацы барæны цур лæууыди кусæг æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ къусæй 26
кæдæмдæр нывнæлдта, донимæ æмхæццæ æрзæты ссадæйиу фелвæста, уырзæй-иу æй асгæрста, аууæрста-иу æй æмæ-иу æй барæныл сбарста. Æмæ афтæ æгас сменæйы дæргъы, сахатæй- сахатмæ. Цы ми кодта уыцы лæг, йæ хуыздæр куыст цы уыди? Ссад æрзæт куыройы æфсæнфыдтæй бахауы классификатормæ, уым æй æмхæццæ кæнынц донимæ. Уыцы змæст - пульпæ дардцæр цæуы флотацимæ. Флотаци у ссад æрзæтмæ алы хостæй базилыны ахсджиагдæр мадзал æмæ цас рæвдз цæуа, уымæй тынг аразгæ у фабрикæйы продукцийы хæрзхъæдцзинад æгасæй дæр. Уымæ гæсгæ хъуамæ пульпæ флотацимæ хауа уыцы иухуызон донæфсæстæй. Цы æмбæлы, уымæй цас бæзджындæр кæнæ тæнæгдæр у, гъе уый бæрæг кæнын та хæсгонд уыдис, уæлдæр цы къусæй архайæг кусæджы кой кодтам, уымæн. Уый уыд æнæзæрдæрайгæ куыст. Ныртæккæ ам ахæмæй ницыуал ис. Автоматикæмæ дæсны мæскуыйаг инженертæ æрхъуыды кодтой классификаторщикты, барæн æмæ æфсæйнаг къус бынтон раивыны фæрæз - фабрикæйы æрзæтмургæнæн хайады сæвæрдтой пульпæйы бæзджындзинад иртасæг сæрмагонд автомат æмæ йæ фыццаг хатт фæлварынц ам. Уыцы приборы пайдагонд цæуы наукæйы ногдæр æнтыстдзинæдтæй. Куыдæй? Радиоактивон кобæльты гаммæ-тынтæ пульпæйыл иннæрдæм цас къаддæр ахизы, у ыйбæрц уый вæййы бæзджындæр. Приборы иннæ хаймæ ма дзы чи аирвæзы, уыдонæн сæ тыхмæ гæсгæ уым сæвзæры электрон ток, æмæ сæрмагонд шкалайыл амонæн равдисы, пульпæ донæй цас æфсæст у, уый. Прибор йæ куыст æрмæст уу ыл нæ ахицæн кæны. Змæст æгæр тæнæг кæнæ бæзджынæй куы фæцæуы, уæд электрон сигнал «фæхабар кæны» автоматон регулятормæ, уый та йæхи æгъдауæй ныкъкъæпп кæны донуадзæн трубамæ арæзт фæзилæн механизм. Афтæ «хабар кæрæдзийы дзыхæй айсгæйæ», прибортæ скусынц иу иннæйы фæдыл æмæ сæ рауайы автоматон комплексы иу хай. Ацы хайады ма ис æндæр автомат æвæрд. Хонынц æй æнахуыр номæй - «электрон хъус». Æрзæтмургæнæн тымбыл куыройы фарсмæ æвæрдæй лæууы нымæты тыхтытæ микрофон. 27
Уый тынг къæрцхъус у, ссæн фыдты уынæр хæрз чысыл куы аивы, уæдцæр æй ацахсы æмæ йæ арæхад барæн приборы «хъусы бацæгъды». Уым уынæрæй рауайы электрон сигналтæ, сигналтæ сæмбæлынц куыройы мидæг æрзæты бæрцмæ цæстдарæг механизмыл æмæ уый йæ тæккæ афоныл скусы. Куыроймæ æрзæты цыд фæкъаддæр кæнæ фæфылдæр вæййы, æмæ та алцыдæр йæ гаччы абады. Уыдон диссаджы «æмбаргæ», «зондджын» автоматтæ сты. Æрæджы сæ иууылдæр баиу кодтой æмæ ныр ацы хайады куыстытæ æппæтæй дæр сты автоматизацигонд. Автоматизаци фæхæццæ кæны иннæ цехтæм дæр. Зæгъæм, ныртæккæ флотацион процесс кæм цæуы, уыцы мигæнæнты ссад æрзæтмæ раздæр содæдон лæвæрдтой механикон æгъдауæй. Мигæнæнты сæрмæ рæнхъгай æвæрд чысыл механизмтæ, сæ æфсæн къухтæ райс байсгæнгæйæ, литрæрдæгуат къусгæндтæй содæдон уагътой æфсæйнаг нуктыл æрзæтзмæстмæ. Фæлæ йын бæрц нæ зыдтой. Уымæ сæ цæст дарын хъуыди кусджыты. Ныртæккæ, ам дæр автомат прибортæ æвæрд куы æрцыди, уæд дзы сæрмагондæй цæстдарæг адæмы сæр нал хъæуы. Содæдон мигæнæнтæм цæуын райдыдта бæлвырд бæрцæй. Фабрикæйы комплексон автоматизацийы пъланмæ гæсгæ ма ам бирæ æндæр ахæм прибортæ æвæрд æрцыди æмæ æрцæудзæн. Специалисттæн уыцы хъуыддаджы тынг æххуыс кæнынц наукæ æмæ техникæйы ногдæр æнтысдзинæдтæ. Бирæ зынтæ æвзарын кодта механиктæн, агрегатты мидæг дуне подшипниктæм æппынæдзух цæстдарын кæй хъуыди, уый. Иу дзы афоныл бæрæггонд не ’рцыди, рохуаты аззад, уæд-иу уайтагъд асыгъд. нал-иу бæззыд. Агрегат ныллæууыд, куыст бакъуылымпы. Ныр инженертæ æрхъуыды кодтой уыцы къуыхцыгæнæг хъуагдзинад аиуварс кæныны мадзал. Прибор арæзт у æрдæгпроводниктыл. Подшипник æгæр тæвд куы кæна, уæд автомат скусы, ныдздзæнгæрæг кæны æмæ кусджытæ хæлын нал бауадзынц подшипник. Ахæм прибортæ ныртæккæ æвæрд æрцыдис ахсджиагдæр агрегаттыл æмæ хорз куы разыной, уæд сæ пайда кæнын 28
райдайдзысты парахатæй ам, стæй бæстæйы иннæ ахæм куыстуæтты дæр. Ныртæккæ уал фабрикæйы автоматизацигонд æрцыдис авд процессы. Куыд зыны, афтæмæй приборгæ кусынц дзæбæх, æнæкъуылымпыйæ, дзæвгар фенцондæр æмæ фентыстджындæр кодтой фæллой. Специалисттæ æвæрынц æмæ фæлварынц æндæр автоматон фæрæзтæ дæр, кусынц ногтæ æрхъуыды кæныныл. Фæлæ рæхджы, иу-дыууæ азмæ, фабрикæйы тæккæ ахсджиагдæр суыдзæн, «куыстуаты магъз» кæй хонынц, уый - диспетчерон пункт. Автоматикæйы æмæ телемеханикæйы ногдæр æнтыстыты бындурыл арæзт» аппаратурæйæ ифтонггонд пунктæй диспетчер йæ цæст дардзæн, æрзæт йæ тæккæ райдайæнæй йæ кæронмæ куыд куыстгонд цæуа, уымæ; уæд продукцийы хæрзхъæддзинад фæуыдзæн дзæвгар хуыздæр, фабрикæ дæтдзæн нырæй бирæ фылдæр пайда. Ацы куыстуат æххæстæй хъуамæ автоматизацигонд фæуа 1963 азмæ. Уæд куыстæй рауæгъд уыдзæн æртиссæдз адæймагæй фылдæр, фæллойы æнтысындзинад фæуыдзæн æппынкъаддæр 90 проценты фылдæр. Сæйрагдæр та уый у, æмæ дзы дзæвгар фенцондæр уыдзæн адæймаджы куыст. Уæдæ продукцийы аргъ æмæ алы æрмæджы хæрдзтæ дæр зынгæ къаддæр фæуыдзысты. Фарон автоматизацийыл хардзгонд æрцыди 800 мин сомы, æдæппæтæй та йын бахъæудзæн 4 милуаны æмæ 300 мин сомы бæрц. Уый чысыл æхца нæу, фæлæ уыцы хæрдзтæн фæстæмæ райсæн уыдзæн фылдæр фылдæр дыууæ азмæ, уымæн æмæ куыстуат, пъланмæ гæсгæ, афæдзы дæргъы фæстауæрц кæндзæн 2 милуаны æмæ 150 мин сомы. Бæллиццаг у фабрикæйæн йæ фидæн. Ногдзинад Уæл- ладжыры комы æппæты фыццагдæр ам æхсиды. Базырджын уæд! --<©$©>- 29
Мæрзойты Сергей ИРЫСТОНЫ УАРЗОН ФЫССÆГ (Мамсыраты Дæбейы райгуырдыл 50 азы сæххæсты фæдыл) Мамсыраты Дæбейы ном фыццаг хатт мыхуыры фæзынд дæс æмæ ссæдз азæй фылдæры размæ. Хæрз æрыгон лæппу ма уыди уæд, йæ хъæлæс дзæбæх дæр нæма фæфидар, фæлæ лите- ратурæмæ йемæ æрбахаста йе ’взонг, æхсидгæ зæрдæйы цæхæр, нæ ног царды диссаджы нывтæ ног ирд ахорæнтæй æвдисынмæ тырнындзинад. Сфæлдыстадмæ мондагæй йæ куыд базыдтой уыцы азты, афтæ рахаста фыссæг кæрæй-кæронмæ суанг абоны онг дæр. Куысты фæллад нæ зоны, аивдæр, дæсныдæр ныффыс- сын, нæ дуджы адæмыл рæсугъддæр ныззарын сысты æмæ ныр дæр сты йæ ахсджиагдæр миниуджытæ, йæ царды нысан. Фыссæг кæддæриддæр у хъуыддаджы лæуд. Куыддæр кусæг кæнæ зæхкусæг сæ фæллоймæ бавналынц, афтæ уый дæр сбады стъолы фарсмæ, уымæн æмæ сфæлдыстад нымайы йæ æцæг куыст, йæ дæсныйадыл. Стгæ та скæны, йæ фæллад уæнгтæ аивазын куы бацагурынц, йæ зæрдæ йæм куы сдзуры, уæдæ та абон дæр адæмы раз йæ хæс сæххæст кодта, зæгъгæ, уæд. Цардæмæадæмыхъысмæттæхуыздæрæмбарынæн,раст,æцæг хуызы сæ æвдисынæн арæхстдзинад, курдиат, зонындзинæдтæ хъæуы. Уыцы хъуыддаджы фыссæг хъуамæ бирæ алцæуылты æххæсса, бирæ зона, уым иувæрсыг сфæлдыстад æгъгъæд нæу. Дæбемæ ис ахæм хъару, ахæм арæхстдзинад, æмæ, æвæццæгæн, алы жанртæм дæр уымæн æвналы, йе ’ргом алы дугтæм, алы замантæм æмæ алыхуызы адæмтæ равдисынмæ дæр уымæн здахы. Мамсыраты Дæбейы махмæ хорз зонынц прозаик æмæ драматургæй, поэт æмæ ирон литературæйы фæдыл къорд критикон ахадгæ статьятæ, стæй сывæллæттæн бирæ дзæбæх чингуытæ ныффыссæгæй. Æвæццæгæн, фыссæг йæ уацмысты идейон мидисыл, сæ арæзтыл æмæ хæрзхъæддзинадыл, алы дзырд дæр цас дзæбæх бады рæнхъы, цас аив у бакæсынæн, куыд зæлланг кæны, зæрдæ 30
куыд агайы, уыдæттыл дæр уымæн афтæ арæх сагъæс кæны, йæ зæрдæйæ уымæн никуы цух кæнынц. Æмæ йæ фыццаг фæлварæнты фæстæ сфæлдыстады бæрзонд къæпхæнмæ дæр уыцы ахъаззаг миниуджыты руаджы схызт. 1931 азы мыхуырæй чи рацыд, Дæбейы уыцы æмдзæвгæты чиныг «Фыццаг къахдзæфтæ» æмæ къорд азы фæстæдæр фыст æмдзæвгæты æмбырдгонд «Гимн Октябрæн», кæнæ «Царды къæпхæнтыл», зæгъгæ, чиныджы мыхуыргонд радзырдтæ æмæ йæ уацмысты дыууæтомон æмбырдгондмæ хаст радзырдтæ, стæй, æппынфæстаг, йæ фыццаг роман «Æхсарбег» æмæ, хæрз æрæджы кæй фæци фыст, уыцы стыр уацмыс «Адæм адæм сты» кæрæдзиуыл абар, кæмæн кæцыимæ æмбæлы, афтæмæй, уæд алчидæр сразы уыдзæн ууыл, æмæ фыссæг азæй азмæ кæй кæны фæлтæрдджындæр, дасныдæр. Уыимæ йæ алы уацмысы дæр бæрæг дарынц йæхи «къух», йæхи æвзаг, йæхи аивадон амалтæ, фыссæджы кæмæй æмæ цæмæй рахатынц, аргъ ын цæй тыххæй фæкæнынц, уыдон. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, кæддæриддæр авторы цæсгом æвдисæг вæййынц йæ идейон тырнындзинæдтæ, йæ зæрдæ цы темæтæм тынгдæр æхсайы æмæ сæ цы хуызы, цы аивадон мадзæлттæй равдисы, уыдæттæ иууылдæр. Нæ рæстæджы тематикæ Дæбейы поэтикон æвидигæ суадон уыди йе сфæлдыстадон фæндаджы тæккæ райдианæй фæстæмæ. Æмæ йын йæ литературон дарддæры хъысмæт дæр уый банысан кодта. Фыссæг цардæй фæсте никуы баззад. Йæ бирæ радзырдтæй, повесттæ æмæ романтæй, йе ’мдзæвгæтæ æмæ пьесæтæй, æвæццæгæн, ахæм бирæ нæ разындзæн, нæ рæстæджы ахъаззагдæр проблемæтыл ныхас кæм нæ цæуы. Литературæйы йæ фыццаг къахдзæфтимæ Дæбейы зæрдæйы фидар кæнын байдыдтой уыцы принциптæ æмæ сыл уый фæстæ йе сфæлдыстадон куысты йæ зæрдæ никуы сивта. Кæддæриддæр æргомздæхт уыд æмæ ныр дæр у, царды цы арф ивддзинæдтæ, цы ахъаззаг процесстæ цæуы æдзухæй, уыдонмæ, хуыздæр, биноныгдæр сæ бамбарынмæ. Ивгъуыд замантæ нæ рох кæнгæйæ, Дæбейæн уæддæр йæ зæрдæмæ хæстæгдæр сты нæ абоны æмæ сомбоны темæтæ æмæ заргæ дæр фылдæр уыдоныл кæны. 31
Суанг йæ фыццаг радзырдты дæр фыссæг йæхи равдыста йæ адæмы цард, æгъдæуттæ, сæ уаг æмæ зæрдæйы ахаст уæлæнгай нæ, фæлæ биноныг зонæгæй, æмæ йæ къухы дæр уымæн æфтыд æмæ æфты, йæ обрæзтæ æцæгдæр цардæй райсæгау цыма вæййынц, афтæ сæ фæлгонц кæнын (радзырдтæ «Залдуз», «Фыццагкъахдзæф», «Цыт», «Фервæзынгæнæг» æмæ æндæртæ). Фæлæ уæддæр фыссæгæн йæ курдиат уæлдай тынгдæр сæрттывта, стыр жанры уацмыстæ фысгæйæ. Уыцы хъуыддаджы йæхи равдыста дæсны, фæлтæрдджын сфæлдыстадон кусæгæй. Уыдон, уыцы уацмыстæ бирæ сты æмæ аккаг бынат ссардтой мингай чиныгкæсджыты зæрдæты. Куыд романтæ фыссæг, куьщ къорд повесты æмæ адæмы ивгъуьщ бонты хъæбатыр тохыл къорд драмæйы сфæлдисæг, Дæбе ирон литературæмæ бахаста йæ фæллойы стыр хай æмæ йæ фæхъæздыгдæр кодта идейон æмæ аивадон хæрзхъæд уацмыстæй. Уый фæрцы Мамсыры- фырт сси нæ рæстæджы зынгæдæр ирон прозаик. Йæ фыццаг стыр уацмыс - роман «Æхсарбег» - адæмы зæрдæмæ фæндаг ссардта уымæн, æмæ дзы социалон быцæудзинæдтæ раст æмæ ахъаззагæй æвдыст цæуынц. Фыссæг арæхстджынæй сныв кодта Æхсарбеджы æмæ йе ’мбæлтты, иу зондыл хæцджыты сурæттæ, стæй афтæ знæгты, паддзахы фæсдзæуинты, бынæттон «уæздæтты» обрæзтæ дæр. Уымæ гæсгæ дыууæты æхсæн цы хъуырдухæн æмæ карз тох цæуы, уый зыны цардæй райсгæ æцæгдзинады хуызæн. Дæсны æвдыст сты хæххон адæмы уæды цæрдтытæ, æгъдæуттæ, геройты зæрдæйы уаг, сæ кæрæдзиимæ ахастдзинæдтæ. Фыссæг сарæхст бирæкъабазджын сюжет снывæндын æмæ алы фæлтæрты адæмты зондахаст бамбарынмæ, стæй йæ равдисынмæ. Фæлæ чиныджы ахсджиагдæр миниуæг уый у, æмæ дзы тынг бæрæг дары, уырыссаг фыццаг революцийы размæ Ирыстон цæджджинагау куыд фыхти, адæмы маст куыд æхсысти, уый. Хорз æвдыст дзы у, хуымæтæг хæххон лæг, тыхджындæргæнгæ кълассон тохы бацæугæйæ, йæхи куыд байдыдта æмбарын, куыд фидар кодта йæ ныфс, йæ зондахасг, куыд фылдæр кодта йе ’мбаргæдзинад. ’ Уыцы сфæлдыстадон принциптæ, царды ахъаззагдæр цаутæ æмæ фæзындтытæм уыцы цæстæнгас уынæм Дæбейы иннæ чингуыты дæр. 32
Роман «Уæззау операци» фыст у, хъæууон хæдзарад коллективизацигонд, ирон хъæу ног уагыл арæзт куы цыди, уыцы рæстæгыл. Йæ геройтæ сæ зæрдæмæ хæстæг айстой, зæронд дуне æнæмæнг ног, социалистон æгъдауыл рацаразинаг кæй у, уыцы фæрнæйдзаг идейæтæ. Зауырбег æмæ иннæтæ хайджын сты советон адæймаджы хуыздæр миниуджытæй. Партийы æрвыст лæгтæ уæвгæйæ, уыдон сарæхстысты, адæмы сыстын кæнынмæ зæронд ницæйаг, зианхæссæг æгъдæутты ныхмæ. Сарæхстысты дзыллæтæн сæ зондахаст ногæй раивыны тыххæй, алы мæнг хъуыддæгтыл куыд нæуал æууæндой, талынгдзинадæй куыд рацæуой, - ома æппæт уы цы æвзæр низтæй цæмæй фервæзой, уый тыххæй сын «уæззау операци» скæнынмæ. Æхсарбег дæр, Зауырбег дæр æмæ трилоги «Хъæбатырты кадæджы» герой Гаппо дæр, ахъуыдыгæнгæйæ, æмхуызон зондыл хæст сты, иу нысанмæ тырнынц, кæд иу рæстæджы æмæ иу историон цауты æвдыст нæ цæуынц, уæддæр. Мамсыраты Дæбейы романтæ сты Ирыстоны ивгъуыд дæс æмæдыууиссæдзазыцардæвдисæгайдæнтау.Фыссæгиуобрæзæй иннæмæ, иу темæйæ иннæмæ биноныгдæрæн кусы, ног адæймаг æмæ революци, зæгъгæ, уыцы проблемæйыл. Гаппойы фæндаг æнцон фæндаг нæу, фæлæ уый у ирон мæгуыр фæллойгæнæг адæмы революцион æмбаргæдзинады рæзты арфæйаг фæндаг. Хуымæтæг зæхкусæг лæппу бахауд кълассон тохы тъыфылы, бар-æнæбары дæр æй ацæуын бахъуыд империалистон хæстмæ, зындзинæдты æхсысти идейон æгъдауæй, фидардæр кодта йæ ныфс. Æмæ чиныгкæсæгæн æхсызгон вæййы йæ рæзт: Гаппо Советты хицаудзинадыл тохы сси партизанты раздзог, ленинон партийы идейæты зæрдиагон пропагандист, æмбаргæ ног цард аразæг. Мах скодтам Дæбейы фыст чингуытæн æрмæст сæ сæй- рагдæр геройты кой. Геройтæ та бирæ сты, æмæ автор уыдонæй алкæмæн дæр ссардта йæхи миниуджытæ, дыууæ дзы æмхуызон нæ разындзæн; алкæмæн дæр дзы ис йæхи зæрдæйы конд, цин дæр æмæ хъыг дæр кæнынц, сæ уаг куыддæриддæр амоны, афтæ, базонæн сын вæййы сæ дзыхы сныхасæй, адæмы æхсæн сæхи куыд дарынц, социалон иу кæнæ иннæ цау куыд æмбарынц, сæ 33 з
алыварс уыцы адæймæгты зæрдæйы ахаст æмæ æмбæхст хъуы- дытæ куыд хатынц, уыдæттæй. Иуы дзы иннæимæ ницы хуызы фæивддзаг кæндзынæ. Фæлæ ма трилоги «Хъæбатырты кадæг» фыссæгæн йæ иннæ уацмысты æхсæн ноджы уымæй бæрæгдæр дары, æмæ уым уæрæх, историон æгъдауæй раст æвдыст цæуынц революцион цаутæ, иузæрдион ленинонтæ Киров æмæ Орджо- никидзе хæххон адæмæн сæ социалон æмæ национ сæрибарадон тохы цы ахъаззаг бынат бацахстой, уый. Большевиктæ Гаппо æмæ Рæмонаты Хадзымæт, контрреволюцион афицер Бело- горцев æмæ йе ’мхуызæттæ, Джамботт, Дондур, Михал - се ’ппæт дæр сты историон æгъдауæй бæлвырдгонд адæймæгтæ æмæ обрæзтæ, фыссæг кæй сфæлдыста, ахæмтæ. Уыдон раст, цæсты ахадгæ æвдыст кæй цæуынц, уымæ гæсгæ адæймаджы уырнынц, æууæнды сын сæ митыл; сæ иутæм хорз зæрдæ бада- ры, бауарзы сæ, иннæтæ та йы,н уæнгæл фестынц, йе сæфт сæ фены. Йæ адæмы хъысмæтыл хъуыдыгæнгæйæ, фыссæг ивгъуыд заманты дæр рахаты фидæны талатæ, дзыллæты амондыл тохгæнджыты, æмæ сын сæ обрæзтæ сфæлынды уарзонæй, æнувыдæй, уымæн æмæ йæ зæрдæмæ хæстæг сты. Театры сæ чи федта, уыдонæй, стæй чиныгкæсджытæй дæр тагъд-тагъд нæ ферох уыдзысты фæтæг Бæгъатыр дæр, Бæтæйы фырттæ дæр, Чермен дæр, æмном драмæты æмæ спектаклты æвдыстæй.. Сæ зæрдыл сæ уымæн бадардзысты, аргъ сын уымæн скодтой, æмæ обрæзтæ сты иттæг аив, геройтæ нывгонд цæуынц, адæм сæ куыдæй базыдтой æмæ сæ хъусæй-хъусмæ куыдæй дзурынц, афтæмæй: æхсарджынæй, фидар ныфсы æмæ рæсугьд зæрдæйы хицæуттæй, лæгдзинад æмæ æгъдауы сæрхъуызойтæй, тохмæ сидцжытæй. О, уыдон адæммæ сидтысты тыхдзинады ныхмæ, æфхæрджыты - фыдзæрдæ æлдæртты æмæ иннæ бонджынты ныхмæ сыстынмæ, ныфс уагътой мæгуыр, æнæхай дзыллæты зæрдæты, дзырдтой, æнæмæнг кæй ралæудзæн рухс, амондцжын цард. Бирæ радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ ныффыста Дæбе Фыды- бæстæйы Стыр хæсты азты. Уым зары Райгуырæн бæстæ фыды- знагæй хъахъхъæнджыты æхсарыл, хурмæ хæссы æндæрбæстаг 34
лæбурджыты мæнгард фæндтæ æмæ æвзæр, æбуалгъ митæ («Мастисджытæ», «Уый фесæфт уацары», «Афтид ингæнтæ», инæлартæ Плиты Иссæ æмæ Дзусаты Ибрагимы сгуыхтдзинæд- тыл очерктæ æмæ афтæ дардцæр). Бирæ ног уацмыстæ ныммыху ыр кодта фыссæг хæсты фæстæ газетты æмæ журналты. Йæ чингуытæ сæдæгай мин тиражтæй рацыдысты Мæскуыйы, Орджоникидзейы, Сталиниры. Фæллойуарзаг фыссæг зоны, советон чиныгкæсæг удыхъæдæй цас тынг сырæзыд, куыд бирæмæ йæм æнхъæлмæ кæсы, уый. Зоны, кæй йын нæ ныббардзæн куыдфæнды, уæлæнгай, ихсыд ныхæстæй фыстытæ, æмæ йæ арвылбоны куысты архайы уыцы стыр æмæ раст домæнты аккаг уæвыныл. Фыссæг кæддæриддæр цæуы царды гуылфæнты, йæ иубæстонты раззагдæр рæнхъыты. Æмæ йæ афтæ дæр уымæн уарзынц, сæ цæсты уымæн у нымад æмæ кадцжын. Мамсыраты Дæбейы пъеройы бынæй рацыд дæсгай чингуытæ, фæсте аззадысты сфæлдыстадон разæнгард фæллойы æмæ æхсæнадон куысты азтæ. Фæлæ фыссæг неруазал, йæ тыхтæ нæ сихсыдысты, йæ зæрдæйы зынг не ’рмынæг. Царды ног ахъаззаг цаутæ йын йæ сæры æвзæрын кæнынц ног фæндтæ, разæнгард æй кæнынц ног æнтыстытæм, ног уацмыстæ сфæлдисынмæ. Æрæджы фыст фæци ног роман «Адæм адæм сты». Уым ныхас цæуы ныртæккæйы колхозон хъæуы царды ахъаззаг ногдзинæдтыл, МТС-тæ реорганизаци скæныны куыстыл, тынгдæр та, царды хостæ кæй къухæй цæуынц, уыцы адæмыл. Фыссæг йæ романæн равзæрста иу хъæу æмæ МТС. Авторы фæндæй уыцы чысыл цæрæндоны дзæвгар ис змæлæг. Уыдон хуыздзыд, фæлурс, æндæргтау æнæуд цæрджытæ не сты. Уыдон сты цардæй райсгæ адæм, сæ фылдæр - аив нывгонд обрæзтæ. Сæ хабæрттæ сын кæсыс æмæ ды дæр цин, хъыг кæныс семæ, дæ зæрдæмæ хæссыс сæ зæрдæйы конд, семæ быцæу дæр равæййыс, æхсызгон дæр дын ракæнынц... Сæ хъысмæт, се ’гъдау афтæ у æмæ дæ сæ ахасты бафтауынц. Уыимæ сын дзæбæх бамбарыс сæ уаг: кæд æрдæгмард нæ дæ, уæд тох кæн. Кæд дыл хъуына схæцыд, уæд та дæхицæй исты ма араз, дæхи æцæг лæгæй ма 35
’вдис. Уаг æмæ рад зон. Де ’гъдау дæхимæ дар, суанг æвзонг бонтæй фæстæмæ. «Цæрæндон» кæд иууыл стыр нæу, адæм дзы тынг-тынг бирæ нæй, уæдцæр цæсты ахадгæ æвдыст цæуынц фæстаг азты зынгæ цаутæ, стæй адæмон-хæдзарадон стыр æмæ ахъаззаг хæстæ сæххæст кæныныл тохгæнджыты хъысмæттæ. Романы сæйрагдæр архайджытæй иу, МТС-ы директор Дæгка, йе ’мбаргæ цард æгасæй дæр арвыста æфсады. Рагон хъæдгæмтты ностæ йæ буарыл, хæрзиуджыты нысаниуæгтæ йæ риуыл - уыдон дзурæг сты, царды æдзух кæй нæ уади лæгъз, æдас фæндæгтыл, кæй йæ аууæрстытæ кодта дæрзæг армæй. Фæлæ уæддæр йæ сæр не’ркъул кодта, йæ ныфс нæ асаст. Хъаст никæмæн кæны, йæхи цард сæвæрын йæ къухы кæй не ’фты, рæстæгмæ æгуыст кæй у, уый тыххæй. Дæгка тындзы зындæр рæттæм, район раззагдæрты æмрæнхъ ракæнынмæ, æхсæны стыр хъуыддагмæ йе ’ххуысы хай бахæссынмæ. Ам ссары, йæ зæрдæйы сагъæстæ йын чи фæсуры æмæ æнцойдзинад кæй руаджы ссары, уыцы амонд дæр. Уый у Залхан, æнæнцой, сфæлдыстадмæ æмхиц зæрдæйы хицау адæймаг. Кæс-ма, скъолайы куысты аиппытæ æмæ фæсивæды хъомылады хъæндзинæдтæ йæ зæрдæмæ куыд хæстæг исы, куыд зын ын сты! Адæмы куыд бирæ уарзы, афтæ æхсызгонæй архайы уыдон сфæлдыстадмæ æмхицдæр кæныныл, хизы сæ æнæмæт, магуса, æдзух бæрæгбонхуыз цард кæнынæй. Дæгка æмæ Залханы кæрæдзимæ дæр, гъе, сæ хорз зæрдæйы конд æрбахæстæг кодта. Афтæ сæрæн æмæ æрыгон каст дæр уымæн кæнынц. Зындæр рауад Гæбæтийы цард, кæд Дæгкаимæ сæ хъысмæты æмхуызонæй бирæ ис, уæддæр. Гæбæти лæмæгъдæр разынд царды фæзилæнтæн, нæ сын бафæрæзта æмæ йæ аууæрстой сæ быны. Иуæй йыл фыдбылыз сæмбæлд, иннæмæй йын цыдæр ницæйаг, æнæрхъуыды, гуымиры адæм йæ зæрдæ скъахтой, æмæлæгæн йе уæнгтæ азгъæлдысты, йæ ныфс асаст, йæхимæ ныхъхъуыста. Гæбæтимæ иудзæвгар рæстæг ницыуал хъары, йæ алыварс цы стыр хъуыддæгтæ цæуы, уыдон цыма уынгæ дæр нæ кæны; нæ йæ фæнды ногдзинадыл разæнгардæйтохгæнджытимæ иу рæнхъы æрлæууын. Фæлæ та уыцы «фæхауæццаджы» дæр 36
сдзæбæх кæны рæстæп Дæгка æмæ бирæ æндæр кæмæндæртæн бантыст Гæбæтийæн йæхи æрæмбарын кæнын, царды та йын йе ’цæг бынат ссарын кæнын. Йæ чызг фæстæмæ йæхи баци, адæмы хорзæх та ссардта, æмæ уæд лæг æрчъицыдта, йæ зæрдæйы «бæттæнтæ» феуæгъд сты æмæ барджынæй, æхсызгонæй бавнæлдта куыстмæ. Авторы лæмбынæг цæстæнгасæй нæ ирвæзы романы архайджытæй иу дæр - сæйрагæй, фæрссагæй. Йæ рæдыд, æнæрхъуыды ми барст никæмæн цæуы. Сæ ныхмæ стыхджын вæййы карз, æгъатыр тох, æмæ та уæд, фыдæлтыккон зианхæссæг æгъдæуттæ йæ цæстытæ кæмæн сæхгæнынц, алы мæнгуырнындзинæдты уацары чи бахауы, йæхиуыл æгæр чи фервæссы æмæ адæмы «хъæр» чи нал фембары, уыдон та фæстæмæ цæстæй ракæсынц, дзыхъхъынногтæй агæпп ласынц. Мæнæ, зæгъæм, партийы райкомы зоналон секретарь Сандырæй. Сгуыхтытæ йæм куыд нæ уыди раздæр. Фæлæ куыдфæстæмæ кодта хъæбæрзæрдæдæр, цардæй фæсте зади. Цы рауад уымæй? Лæг йæхимæ цыдæр æркаст, сгуымиры, хъæуа-нæ хъæуа, уæддæр кæны дзæгъæл хъæртæ, æдзух æм афтæ кæсы, цыма йæ исчи фæчъизи кæнынмæ хъавы. Романы Сандримæ цæуы ныхас, карз, принципиалон æмæ æргомзæрдæ ныхас. Æмæ уый дæр нырма хъавгæ, фæлæ уæддæр цыма йæхиуыл худын райдыдта, цыма йæ рæдыд æрæмбæрста... Ахæм зондæн ахъаз у Алтегы обрæз дæр. Мадæй фыдахуыр, буцхаст лæппу фæцудыдта раст фæндагæй, йæхи æвдисы, йæ хъуыддаг кæмæн нæ цæуы, ахæмæй, хъазы цардæй, дзуры, кæй аккаг нæу, ахæм чызгыл, æмæ йæ фæстаг æрхаудта чъизи, даргъкъух адæймæгты æхсæнмæ, ракодта æвзæрдзинад. Афтæ зыны, цыма лæг йæ цард фæци, адæмæй фæхауæццаг, сси лæвархор. Фæлæ рохуаты нæ зайы: дзурынц ын, æмбарын ын кæнынц йæ рæдыдтæ, æххуыс ын кæнынц, фæстæмæ та йæ къæхтыл слæууынæн, кæд уыцы æххуысыл йæ къух ауигъы, уæддæр. Исты дзы рауайа, зæгъгæ, лæппуйæн йæхиимæ тохы бацыдысты партийы райкомы секретарь Хадзысмел, Дæгка, æмæ йæ уарзон чызг Зæлинæ, Дзибус, йæ хæлар Данел æмæ ахуыргæнæг Залхан дæр. Æмæ сæ фыдæбæттæ нæ фæдзæгъæлы сты, лæппуйы сæфын нæ бауагътой. 37
Романы иу герой дæр ахæм не ссардзынæ, æнцон цардæй чи рацыд. Нæй дзы æнæхъуаджы дзæнгæдацæгъдцжытæ, йæхи хъуыддагхуызæй æвдисджытæ. Дæбейы геройтæ сты, йæ цард йæхи къухæй чи аразы, зындзинад дзæвгар чи федта, фæлæ уæддæр чи нæ фæтасыд, йæ хъару кæмæн нæ асаст, æрдæгфæндагыл æрлæууыны зонд кæмæ нæй, йæ амондыл кæронмæ тох кæнын чи сахуыр, ахæм адæм. Амондхъуаг не сты Зæлинæ æмæ Валя, Алтегы мад Дофка æмæ Данел, æцæг дзы алкæмæн дæр хъæуы рæвдауæн ныхас, кæмæйдæрты цы æфхæрдтытæ баййæфтой, цы зын сын скодтой, уыдæтты тыххæй. Фæлæ уыдонæй зæрдæсаст ничи фæци, хъæдгæмттæ байгас сты, цард та сæм раздæхта йе ’ргом æмæ сæм райдзаст цæсгомæй бахудти. Циндзинад æмæ сæм амонд сæхи къахæй не ’рцыдысты, ссардттой сæ фæллойы, æнцонæй нæ, зынæй, фыдæбæттимæ, фæлæ уыйас та адджындæр сты сæ зæрдæйæн. Æниу Дæбейы геройтыл æгуыстæй бадын, рæстæг æнæмæтæй æрвитын фидау гæ дæр нæ кæны. Раст зæгъын хъæуы, романы ис бинонты, сыхæгты царды хуымæтæджы нывтæ дæр. Кæрæдзиимæ сæ сæрдыгон изæр бадгæ дæр фендзынæ, уарзæтты сусæг ныхас дæр акæнынц æрыгæттæ, фæсивæд хъазтизæрты дæр сæмбæлынц, уæдæ алы лыстæг хабæрттæ дæр акæнынц кæрæдзийæн. Фæлæ чиныджы ахъаззаг ныхас цæуы нæ хъæууон хæдзарады дарддæры рæзты фæндагыл, ног адæймаджы цæсгомыл, ныртæккæ нæ царды цыдæридцæр ахсджиагæй ис, уыдоныл. Уацмысы геройты æппæты фыццагдæр уыныс хъæууон хæдзарад тагъдцæр стыхджын кæныныл тохы тъыфылы, фыдæлтыккон æгъдæуттæй аппаринаг чи у, уыдон фесафыныл йæ удæй цæуджыты сæргъы. Æнæмæт, ныгъуылд цардæй се ’сæфт уынынц уыдон. Сыгъдæг уæлдæфмæ сæ улæфт æнцондæр æмæ сыгъдæгдæр у. Царды æлхысчъытæгæнаг уазал дымгæйы размæ риуы æмбæрц тындзын сæм хуыздæр кæсы. Уыдон зонынц, куыд тохгæнгæ сын у сæхи амондыл, адæмы амондыл. Мах семæ фæхицæн стæм æмбисвæндагыл. Тагъд мыхуыры фæзындзæн романы дыккаг хай. Нæ ног фембæлд дæр та, æнæмæнг, зæрдæзæгъгæ, æхсызгонæй кæй уыдзæн, нæ цард а 38
фæстаг азты куыд диссаг æмæ зæрдæзæгъгæ уыди, афтæ, уый гуырысхойаг нæу. Фыссæг иу минут дæр æнцойдзинад нæ зоны. Куыддæр фыст фæци йæ ног роман, афтæ та статьятæ бацæттæ кодта уырыссаг стыр фыссæг А. П. Чеховы æмæ ирон зынгæ революционер æмæ поэт Барахъты Гинойы тыххæй. Уыцы иу рæстæг редакци кæны иу æрыгон фыссæджы повесть; йæ сæрæй нæ цух кæны, Мæскуыйы ирон литературæ æмæ аивады декадæ куьщ ацæудзæн, уый; писмо фыссы урсдойнаг æвзонг лæппумæ, амоны йын йæ фыццаг радзырды аиппытæ. Æмæ æниу журнал «Мах дуджы» редколлегийы уæнджы æмæ республикæйы Фысджыты цæдисы правленийы уæнджы хæстæ та! Науæд депутаты куыст! Фыссæгæн йе ’ппæт хъуыдцæгтæ, йе ’ппæт хæстæ, ахсджиаг фæндæттæ æнцон банымайæн дæр не сты. Уыимæ сæ тыхсгæ нæ кæны, нæ фæлæ сæ сæрыстыр у, æвзæрын æм кæнынц ног тыхтæ, ног хъарутæ, фæнды йæ ноджы фылдæр æмæ хуыздæр кусын. Фыссæджы сфæлдыстадон лабораторийы чи сæмбæлд, уый, æвæццæгæн, æнæ бадисгæнгæ нæ фæци, рæстæг раст хардз кæнын куыд зоны, æрвылбоны цаутæй дзы иу дæр æнæ ахъуыдыгондæй куыд нæ аирвæза, кæнæ та дзæвгар рæстæг исты стыр уацмысыл куысты æгасæй дæр куыд аныгъуылы, ууыл. Мæнæ йе стъолыл - æнæмыхуыргонд радзырдтæ. Фыссæг сыл тагъд нæ кæны. Ноджы æмæ ма сæм ноджы æркæса, стæй сын уæд раттæн дæр уыдзæн рауагъдадмæ. Мæнæ адон та гыццыл баснятæ. Иу æмæ дыууæ не сты. Æвæццæгæн, тагъд хъуамæ мыхуыры дæр фæзыной. Сæ фарсмæ æндæр къухфыст - адæмон хъæлдзæг чысыл радзырдтæ — худæнтæ. Фыссæг сæ рагæй æмбырд кæны, кусы сыл, фæлæ сын сæ адæмон миниуджытæм, æвзаджы аив фæзилæнтæм не ’вналы - хъуамæ адæймаджы худын кæной, цыргъзонд хъуыдытæй йæ дисы æфтауой. Адæмон хуымæтæджы нæ хуыйнынц! Æвзæры йæм ног фæндтæ, ног пълантæ... Рæстæг ын фаг дæр нæ кæны. Фæлæ сахуыр йемæ æмцыд кæнын, æмæ йæ цардæй фæсте баззайын нæ фæнды. Ахæм у Мамсыраты Дæбе, Ирыстоны уарзон фыссæг, стыр лæг æмæ чиныгкæсджыты хæлар. 39
Тахьазты Харум ЗЫНДГОНД АХУЫРГОНД АБАЙТЫ ВАСО (Иæ райгуырдыл 60 азы сæххæсты бонмæ) Цытджын октябры революцийы фæстæ ленинон национ поли- тикæйы фæрцы тынг сырæзыдис ирон советон интеллигенцийы фæлтæр. Уыцы фæлтæрæй у зындгонд ахуыргонд Абайты Васо. Абайты Иваны фырт Васо райгуырдис хæххон лæджы бинонты æхсæн 1900 азы 3-æм январы, чысыл ирон хъæу Къобы. 1910 азы, хъæууон райдиан скъола каст фæуыны фæстæ, зæрдæргъæвд лæппу бацыди Тифлисы 6-æм классикон гимназмæ. Уым сахуыр кодта 8 азы. Каст æй фæци. Æрыздæхти йæ райгу ырæн хъæумæ æмæ дзы аху ыргæнæгæй кусын райдыдта. 1922-æм азы Васо ахуыр кæнынмæ ацыдис Ленинграды университетмæ. Студент ма уыдис, афтæмæй Васо равдыста йæхи курдиатджын ахуырадон кусæгæй. Уый ныффыста къорд наукон куысты. Университеты профессортæ йын бафиппайдтой йе стыр курдиат æмæ йæ ныууагътой аспирантурæйы. 1928 азы Абайы-фырт каст фæцис аспирантурæ æмæ кусын райдыдта Тифлисы ССР-ы Наукæты Академийы Кавказаг Историон- Археологон институты. Дыууæ азы фæстæ Абайты Васойы акодтой фæстæмæ Ленинградмæ, æмæ уым ССР Цæдисы Наукæты Академийы Яфетикон институты кусын райдыдта. 1935 азы Абайты Васойæн йæ бирæ наукон куыстыты ахадындзинады тыххæй лæвæрд æрцыдис филологон наукæты кандидаты ном. 1941 азы, ССРЦ-ы Наукæты Академийы Президиумы фæндонмæ гæсгæ, Васо æрвыст æрцыдис Ирыстонмæ, цæмæй уый феххуыс кодтаид нæ наукон кусджытæн Нарты кадджытæ мыхуырмæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы. Фыдыбæстæйы хæсты рæстæджы уый йæ наукон куыст кодта Цæгат Ирыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны наукон институтты. Уый фæстæ та куыста Цæгат Ирыстоны педагогон институты æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæгæй. 40
1945 азы Абайты Васо ногæй ацыдис Ленинградмæ æмæ та кусын райдыдта Æвзаг æмæ Хъуыдыкæнынады институты. 1950 азы, æвзагзонынады дискуссийы фæстæ, Абайты Васойы Ленинградæй ахуыдтой Мæскуымæ, Æвзагзонынады институтмæ. Уæдæй абоны онг уый стыр наукон куыст кæны уыцы институты. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæ уыд Абайты Васойæн йæ царды æмæ ахуыры фæндаг. Фæлæ уый, зындзинæдтæ ницæмæ даргæйæ, æдзухдæр тырныдта наукæйы бæрзæндтæм. 35 азы бæрц рацыд ныр, Абайты Васо сфæлдыстадон куыст кæдæй кæны, уæдæй нырмæ. Цы хъуæддаджы сæраппонд архайы курдиатджæн ахуыргонд, уым ын тынг бирæ æнтысы. Уый ныммыхуыр кодта 130 наукон куыстæй фылдæр. Уыцы куыстыты Абайты Васо равдыста йæ зонд æмæ йæ бирæ зонындзинæдтæ. Уымæн йæ наукон куыстытæ канд æвзагзонынадыл не сты, фæлæ сты ирон æмæ Кавказы иннæ хицæн адæмты фольклор, истори, литературæ æмæ этнографийыл. Абайты Васо ирон æвзаджы тыххæй цы куыстытæ ныффыста, уыдон гом кæнынц ирон æвзагахуырады ног, советон этап. Кæд уый размæ ахуыргæндтæ (академиктæ А. Шегрен, В. Миллер æмæ æнд.) ахуыр кодтой ирон æвзаг куыд ирайнаг æвзаг, кавказаг æвзæгтæ йыл куыд фæзындысты, уый иæ иртасгæйæ, уæд Абайы-фырт та лæмбынæг æвзары ирон æвзагæн куыд йæ ирайнаг, афтæ йæ кавказаг элементты дæр. Абайты Васойы чингуытæ «Ирон æвзаг æмæ фольклор», «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат» æмæ æндæртæ ирон æвзагзонынады хъуыддаг исынц ног, уæлдæр къæпхæнмæ. Уымæн йæ егъау наукон куыст «Ирон æвзаг æмæ фольклор» (600 фарсы) схонæн ис ирон æвзагахуыры энциклопеди. Ам не ’взаг, уымæн йæ истори иртæст цæуы, зæгъæн ис, æртæ мин азмæ æввахс рæстæджы дæргъы, скифты дугæй (мах эрæйæ УШ-æм æнусы размæ) абоны онг. Ирайнаг æвзæгты аху ыр кæныны раздæры фæлтæрддзинадыл æнцайгæйæ, автор афтæ арф иртасы ирон æвзаг, æмæ чиныджы ахадындзинад ахызти ирон æвзаджы ахуыры рамкæтæй, стæй 41
æмткæй райсгæйæ, æвзагзонынады наукæйы арæнтæй дæр. Ахæм стыр аргъ хъæуы Абайты Васойæн йæ иннæ куыст «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат»-æн дæр (655 фарсы). Æнцон ссарæн нæу, Абайы-фырты дзырдуаты хуызæн 190 æвзаджы æмæ диалекты пайдагонд кæм цæуынц, дыккаг ахæм дзырдуат æндæр искæцы æвзагыл. У ыцы чиныджы лæмбынæгæй æвзæрст æрцыди ирон æвзаджы лексикæ, йæ равзæрд. Ацы куыстыты Абайты Васо йæхи равдыста, куыд ирон æвзаджы стырдæр историктæй ну, дунейы иранистты тыхджындæр. Егъау æмæ бирæ сты нæ зынаргъ ахуыргондæн йæ иннæ наукон ку ыстытæ дæр - «У ырыссаг-ирон дзырдуат», «Ирон æвзаджы грамматикон очерк», «Ирон æвзаджы æвиппайдон æмхъæлæсонты цыппар рæнхъы» æмæ æнд. Васо зæрдиагæй ахуыр кæны нырыккон ирон æвзаг æмæ уымæн йæ диалекты. Йæ «Уырыссаг-ирон дзырдуат» та æххуыс кæны дыууæ адæмæн кæрæдзийы æвзаг æмæ культурæ хуыздæр базонынæн, Абайты Васо, уæлдæр куыд загътам, афтæ иттæг хорз зоны ирон æвзаджы диалекттæ æмæ хицæн ныхасы здæхтытæ. «Ирон æмæ дыгурон диалекты хицæндзинæдты очерк». «Хуссары ирæтты ныхасыздæхт» æмæ æнд. Абайы-фырт йæхи равдыста Ирыстоны стырдæр диалектологæй. Уый сбæрæг кодта, ирон æвзаджы кæй ис æрмæст дыууæ диалекты - ирон æмæ дыгурон, раиртæста не ’взаджы диалекттæ æмæ сæйрагдæр ныхасыздæхтты хицæндзинæдтæ. Васо йе’ппæт куыстыты ирон æмæ дыгурон диалекттæ фæрсæй-фæрстæм æвзаргæйæ, æнтыстджынæй лыг кæны наукон фæрстытæ, уый хорз сбæрæг кодта диалекты хъæздыгдзинæдтæ æмæ уымæй æххуыс кæны ирон литературон æвзаг рæзын кæнынæн. Абайты Васо канд зындгонд лингвист нæу. Уый ма у ирон адæмы историк, этнограф. Йæ наукон куыстытæ «Ирон адæмы фыдæлтæ Кавказмæ æрцыдысты цæгатæй», «Ирæттæ сты скифтæ — ирайнæгты байзæддæгтæ», «Ирæттæ-алантæ», «Æвзаджы æвдисæндартæ рагон ирæтты культурæ æмæ цардуаджытыххæй», «Ирайнаг æмæ кавказаг элементты кæрæдзимæ ахастдзинад ирон æвзаджы» æмæ бирæ æндæртæ стыр арæхстджынæй рухс кæнынц ирон æвзаджы, ирон адæмы историйы талынг бынæттæ, 42
ирон адæмы кулыурон æмæ хæдзарадон бастдзинæдтæ кавказаг, тюркаг, угро-финаг æмæ æндæр адæмтимæ. Абайты Васойы ахуырадон куыст «Скифаг æвзаг»-æн историон цæстæнгасæй стыр аргъ кæнгæйæ, зындгонд проф. Б. В. Скитский фыста автормæ: «Скифаг æвзаг» у диссаджы хорз фыст. Цас хылы-мылыдзинад хæссынц «историктæ» метафизиктæ ацы (скифæгты. - X. Т.) фарстамæ, уыдон истори куы фæаразынц, æвзаджы тæккæ хæрзхъæдцæр памятникты æрмæгыл нæ, фæлæ сæ сæрæй, сæ «сыгъдæг зондæй»... Уæдæ ирон адæмон сфæлдыстад хуыздæр сахуыр кæныны хъуыддаджы дæр Абайты Васо чысыл нæ бафæллой кодта. Уый ма нымад цæуы ирон фольклористты зынгæдæрыл. Уымæн йæ куыстытæ «Нарты эпосы номхуындон нæмтты тыххæй» «Нарты æмæ римæгты райгуырды тыххæй легендæты кæрæдзиимæ абарынады охыл раиртæст», «Ирон эпосæй», «Нарты эпос», «Нарты эпосы историондзинадæй цы ис» æмæ бирæ æндæрты ис канд лæмбынæг наукон раиртæст нæ, фæлæ ахъаззаг теоретикæйы хицæн фæрстытыл. Цæгат Кавказы адæмты хъæздыг фольклор ахуыр кæныны хъуыддаджы Абайты Васо у нæ бæстæйы ахуыргæндты æхсæн фыццаг авторитет. Абайы-фыртæн ис арфхъуыдыджын иртасæн куыстытæ ирон литературæйы хицæн фæрстытыл дæр: «Хетæгкаты Къоста», разныхас æмæ комментаритæ Къостайы уацмысты æмбырдгонды академион рауагъдмæ (1939), «Тоникон æви метрикон», «Алгузиани» æмæ æнд. Уыцы куыстыты Васо стыр аргъ кæны ирои литературæ æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайæн, раст наукон-теоретикон позицитæй æвзары ирон æмдзæвгæфыссынады закъонтæ дæр. Абайты Васомæ ис ирайнаг æвзæгтыл хицæн сæрмагонд иртасæн куыстытæ: «Дарий 1-æмы уæлфыст Сузæйы галуан саразыны тыххæй» «Ксерксы дэвты ныхмæ фыст», «Персайнаг». «Дару»-йы равзæрд», «Согдийаг æвзаг», «Ирайнаг филологи» æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон æвдисынц, нæ ахуыргонд цас пайда хæссы ирайнаг æвзæгты наукон иртæстмæ. У ымæн йæ историон- абарынадон методæй фыст уацмысты арынц бирæ хæрзхъæд 43
æрмæг æмæ пайдайаг раиртæстытæ иннæ индоевропæйаг æвзæгтыл кусæг ахуыргæндтæ дæр. Йæ хицæн куыстыты та Васо комкоммæ иртасы индоевропæйаг æвзæгты æрмæг. «Латинаг Вулканус-ы равзæрд». «Тохарас æвзаг»). Индоевропæйаг æвзæгтæй Васо уæлдай фылдæр æмæ æнтыстджындæрæй кусы уырыссаг æвзатыл. Йæ куыстытæ «У ырыссаг «абрек», «У ырыссаг «Слам», «У ырыссаг «гривенка», персайнаг «гирванка» æмæ æнд. хъæздыгдæр кæнынц уырыссаг лексикологи бындурон раиртæстытæй. Афтæ стыр у Абайты Васойы наукон куыстыты ахадындзинад кавказаг æвзæгты иртасыны хъуыддаджы дæр. Уымæн йæ куыстытæ «Иуæй иу ирон-яфетикон параллелтæ», «Иумæйаг элементтæ ирæттæ, æссæттæ æмæ хъæрæсейæгты æвзаджы», «Алайнаг культурон терминтæ кавказаг æвзæгты», «Ирон хицæн элементтæ гуырдзиаг æвзаджы» æмæ иннæтæ иртасынц кавказаг адæмты æрмæст æвзæгты æмæ кулыурæйы хицæн фарстытæ нæ, фæлæ ма хæссынц стыр æххуыс уыцы æфсымæрон адæмты историон бастдзинæдтæ раргом кæнынмæ дæр. Зын у Абайты Васойы егъау сфæлдыстадон бынтæн цыбыр статьяйы аккаг аргъ скæнын. Уый нымад у нæ бæстæйы иранисттæн сæ зынгæдæртæй иуыл, советон æвзагзонынады наукæйы тыхджындæр теоретиктæй иуыл. Бирæ сты Васойæн йæ теоретикон куыстытæ. Уьщонæй пайда кæнынц канд лингвисттæ нæ, фæлæ фольклористтæ, историктæ, этнографтæ æмæ æндæр наукæтыл кусджытæ дæр. Уыцы хъуыддаджы уæлдай зынаргъдæр сты Абайты Васойæн мæнæ йæ уыцы теоретикон куыстытæ: «Идеосемантикæйы æмбарынад», «Æвзаджы истори æмæ адæмы истори», «Этимологон дзырдуаты принципты тыххæй», «Æвзаджы историйы тыххæй», «Омонимтæ дзырдуаты дæттыны тыххæй» æмæ æндæртæ. Васо кæддæриддæр фидарæй лæууыд материалистон зондахастыл, пайда кодта марксистон-ленинон историон принципæй. Уый у, æвзагзонынады мидæг марксизм растдæр æмæ хуыздæрыл кæй банымадта, уыды абарынады - историон методы фæлтæрдджындæр архайджытæй иу. Марксистон æвзагзонынады сыгъдæгдзинад хъахъхъæнгæйæ, 44
Васо никуы ныууагъта йæ принципиалон тох алыхуызы антинаукон буржуазон теориты ныхмæ. Ныртæккæ дæр Васо разамынд дæтты, ахуыргæндтæ æвзагзонынады буржуазон модернистон-теориты ныхмæ цы коллективан куыст фыссынц «Историзм æвзагзонынады», зæгъгæ, уымæн. Абайты Васойы методологийы рæстдзинады тыххæй 1955 азы ССРЦ-ы Наукæты Академийы Æвзагзонынады институты дирекци æмæ æхсæнадон организацитæ фыстой уымæ, йæ райгуырдыл 55 азы кæй сæххæст, уый фæдыл: «1950 азы онг советон æвзагзонынады цы зыгъуыммæдзинæдтæ уыдис, уьщоны ныхмæ тох кæнгæйæ, ды æппæт советон лингвисттимæ, дæ бон цас уыд, уыйбæрц æххуыс кæныс советон иранистикæйы марксистон-ленинон методологийы бындурыл дарддæры рæзтæн». Сæрмагондæй зæгъын хъæуы Абайты Васойы педагогон æмæ æхсæнадон-наукон куысты тыххæй. Бирæ рæстæг æмæ хъару хардз кæны номдзыд ахуыргонд националон республикæтæн, нæ бæстæйæн хæрзхъæд педагогон æмæ наукон кадртæ цæттæ кæныны хуыддагыл. Уый цалдæр азы Мæскуыйы университеты студенттæн кæсы ирайнаг æвзæгтыл лекцитæ, разамынд лæвæрдта æвзагзонынады институты къорд аспиранты ахуыр æмæ диссертацион кустытæн. Зындгонд советон ахуыргондæн стыр аргъ скодтой Коммунистон парти æмæ советон хицауад. Уымæн, йæ бирæ фæллæйтты тыххæй лæвæрд æрцыд «Фæллойады Сырх Тырыса» йы орден, «Кавказ» бахъахъхъæныны тыххæй» майдан æмæ Цæгат Ирыстоны Наукæйы сгуыхт архайæджы ном. Абайты Васомæ ис стыр сфæлдыстадон пълантæ. Хæстæгдæр азты хъуамæ рацæуой йæ бындурон куыстытæ «Ирон æвзаг æмæ фольклор», «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат»-ы иннæ хæйттæ, «Ирон æвзаджы историон-грамматикæ» æмæ æнд. Мах уырны, нæ зынаргъ ахуыргонд кадимæ кæй сæххæст кæндзæн, йæ размæ цы хæстæ æрæвæрдта, уыдон. Нæ зæрдæ йын зæгъы, бирæ азты нын æнæнизæй, зæрдæрухсæй куыд фæцæра, бирæ хорз наукон куыстытæ ма йын куыд бантыса. 45
К. Муратандов АРТИСТ ТОТРАТЫ БЕСÆ Ирон театры тыххæй ныхас куы рацæуы, ирон паддзахадон музыкалон-драмон театры сценæйы æмбæрзæн куы байгом вæййы, уæд зæрдыл æнæрлæугæ нæу, уыцы театры истори тынг æнгом цы адæймаджы номимæ баст у, уый. Йæ сурæт цæстытыл ауайы, уый у Тотраты Иваны фырт Бесæ - фыццаг ирон профессионалон актер, режиссер, ахуыргæнæг, æхсæнадон архайæп Ие ’ппæт хъарутæ дæтгæйæ, бирæ азты дæргъы цы фæллой бакодта, уымæй Тотраты Бесæ стыр ахъаз фæци ирон национ драмон аивад равзæрын æмæ райрæзын кæнынæн. Уымæ гæсгæ рæдыд нæ уыдзæн, сæ сценæйы персонажтæн сæ уд, сæ зæрдæ, сæ тыхтæ чи нæ хæлæг кæны, сæ геройтимæ иумæ кæм æнкъард кæнæ цин кæнынц, цы обрæзтæ скæнынц, уыдоны цардæй кæм цæрынц, уыцы театр æмæ сценæ сæхи хæдзар кæмæн сси, Тотраты Бесæйы ахæм парахатзæрдæ актерты хыгъдмæ куы ахæссæм, уæд, уымæн æмæ Бесæ у, фæндзай дыууæ азы дæргъы йæ цард, йæ тыхтæ æмæ сфæлдыстадон курдиат театрæн - йæ уарзон аивадæн - чи радта, ахæм актер. Театралон, драмон аивады бæрзæндтæм схизынмæ тырнæг актерæн йæ фæндаг фылдæр хатт вæййы зын, къæдз-мæдзытæ, ууыл цæугæйæ, фæлмæцгæ дæр акæны, фæсмон дæр, фæлæ аивадмæ æнæфæцудгæ кæй фæтырны, æнæкæрон бирæ йæ кæй фæуарзы, уый руаджы ахæццæ вæййы йæ нысанмæ. Актеры рухс нысан та у уый, цæмæй сарæхса йæ алы фæзылд, æмæ сныхас дæр театрмæ кæсæджы зæрдæмæ куыд цæуа, йæ геройы, йæ обрæзы зæрдæйы уаг, æнкъарæнтæ арф æмæ рæсугьд куыд æвдиса, йæ аивад адæймагмæ тынг куыд хъара, æхсызгондзинад ын куыд дæтта, сценæйы афтæ хъазын. Æмæ гъе ахæм нысанмæ зын æмæ къæдзмæдзытæ фæндагыл ахæццæ Тотраты Иваны фырт Бесæ - нывгæнæг, æцæг актер парахат зæрдæимæ. Тотраты Бесæ райгуырд 1882 азы 10 январы Олгинскæйы 46
хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты хуымæтæджы æнахуыргонд зæхкусджытæ. Чысыл лæппу ма куы уыд, уæд Бесæ æххуырсты бацыд сæ хъæу ккаг хъæздгуытæм æмæ сын гыццыл мыздыл хызта сæ бæхтæ æмæ сæ фыстæ. Æдзухдæр быдыры уæвгæйæ, цъæх нæууыл хъазгæйæ, уый бирæ бауарзта æрдз. Фæлæ фылдæр та бауарзта йæ фыдыфыдмæ æмæ иннæ зæрæдтæм хъусын, уыдон- иу рагон таурæгътæ куы кодтой, æмбисæндтæ куы хастой кæнæ- иу хъæбатырдзинады рæсугъд зарджытæ æмæ кадцжытæ куы кодтой, уæд, уыдонмæ хъусгæйæ, лæппуйы зæрдæйы сæвзæрд стыр уарзондзинады æнкъарæнтæ йæ райгуырæн бæстæмæ, йæ адæммæ. Æвæццæгæн, ахæм зарæг кæнæ кадæг нæ уыд, Бесæ иу- дыууæ хатты кæй нæ фехъуыста æмæ зæрдыл кæй нæ бадардта. Æмæ-иу, кæйдæр фосы фæдыл быдырты хæтгæйæ, лæппу йе ’мгæрттæн кодта, йæ фыдыфыдæй цы таурæгътæ æмæ кадджытæ хъуыста, уыдон. Уый фæстæ, Владикавказы горæты училищейы ахуыр кæныны рæстæг, фæцалх Пушкины, Некрасовы, Хетæгкаты Къостайы, Лермонтовы уацмыстæ кæсыныл. Горæты уыдаид æви сæхимæ Олгинскæйы, уæддæр Бесæ уарзта доны былмæ рацæуын æмæ уый уылæнты сыр-сырмæ йе ’мбæлттæн поэтикон уацмыстæ хъæрæй кæсын кæнæ дзурын. Нæ, нæ уыди уымæй дæсныдæр декламатор училищейы дæр æмæ сæ хъæуы дæр. Ирон адæмы цытджын хъæбул Хетæгкаты Къоста бындур кæмæн сæвæрдта, уыцы ирон национ литературæ æвзæрын байдыдта Тотраты Бесæйы æвзонджы бонты. Уæд, ацы æнусы райдианы, фæзындысты ирон æвзагыл фыст æмæ ратæлмацгонд фыццаг чысыл пьесæтæ дæр, фæлæ Ирыстоны нæма уыд ирон театр, Бесæйы та фæндыд актер суæвын, йæ курдиат, йæ цард æмæ тыхтæ сценæйæн снывонд кæнын. Æмæ 1905 азы августы Тотры-фырт амондагур, йæ уарзон драмон аивад базонынмæ фæцыд Стыр Уырысмæ - Мæскуымæ. Уым ахуыр кæнынмæ бацыд Кедхудовайы музыкалон-драмон училищемæ. Училищейы ахуыргæнджытæй иу уыд, театры ног, реалистон здæхт чи амидин кодта, Мæскуыйы аивадон театры уыцы сгуыхт разамонджытæ К. С. Станиславскийы æмæ В. И. Немирович- 47
Данченкойы фæдон, Чысыл театры актер Н. Панов. Кедхудовайы студийы Бесæ сахуыр кодта дыууæ азы. Уыцы рæстæгмæ уый бацæттæ кодта «Борис Годунов»-æй Самозванецы, «Ромео æмæ Джульеттæ»-йæ Ромеойы, Мольеры комеди «Тартюф»- æй Тартюфы, Южин-Сумбатовы пьесæ «Изменæ»-йæ Датойы рольтæ æмæ фæстагмæ кусын райдыдта Гамлеты обрæзыл. Уæд фыст чи нæма уыд, фæлæ театры царды, æххæстгонд цæуын чи байдыдта, К. Станиславскийы уыцы системæ Тотры-фыртæн феххуыс романтизмыл бавдисæн кæнынæн æмæ реализмы фæндагыл æрлæууынæн. Цалынмæ Мæскуыйы ахуыр кодта, уæдмæ дæр Бесæ æнгом баст уыд йæ райгуырæн Ирыстонимæ æмæ 1907 азы куы сыздæхт, уæд театралон аивад уарзджытæй сарæзта къорд. Уыцы къордимæ Бесæ æвæрдта чысыл пьесæтæ, æмæ йæ хъазт адæмы зæрдæмæ цыд хорз. Фæлæ Бесæ хорз æмбæрста æххæст актер кæй нæма у, кæй йын нæ фаг кæны сфæлдыстадон дæсныдзинад æмæ, дардцæр куы нæ сахуыр кæна, уæд кæй баззайдзæн æрдæгвæндагыл. Йе ’мбæлтты æххуысæй иу-чысыл æхца бамбырд кæнгæйæ, Бесæ 1913 азы йæ фæндаг адардта Петербургмæ æмæ ныллæууыд Император Александрийскийы театры. Уым иу репетици дæр нæ цух кодта. Фæлæ мысын байдыдта Мæскуыйы, йæ зонгæ артистгы æмæ фæстæмæ уырдæм ссыд. Уыцы рæстæг Чысыл театры труппæйы хицау æмæ сæйраг режиссер уыд номдзыд актер æмæ драматург Южин- Сумбатов æмæ Тотры-фырт æххуысмæ бадзырдта уымæ. Южин-Сумбатовы фæрцы Бесæйы Чысыл театрмæ айстой статистæй. Чысыл театры уыд хæларзæрдæ, демократон зондыл лæуд коллектив. Театры намысджын актертæ, театры æрыгон фæлтæрæн, уыдонимæ Бесæйæн дæр, амыдтой раст фæндаг, лæвæрдтой сын сæ фæлтæрддзинад, сæ зонындзинæдтæ æмæ йын уый уыд æнæкæрон æхсызгон. Чысыл театр цы спектаклтæ æвæрдта, уыдонæй уæлдай ма Бесæ арæх цыд Аивадон театрмæ, Зимины, Незлобины, Коршы театртæм, хъуыста, Шаляпин, Собинов, Нежданова кæм зарыдысты, ахæм оперæтæм. Афтæ, уырыссаг столицæты 48
цард Тотры-фырты базонгæ кодта уырыссаг культурæйы æмæ уырыссаг аивады хæзнадæттимæ, радта йын зонд æмæ зонындзинæдтæ. Советон хицаудзинад Кавказы куы фæуæлахиз, уæд хæххон адæмты царды байгом ног дуг, амонды дуг. Литературæ, аивад, театр сысты æппæтадæмон хъуыддаг. Владикавказы арæзт æрцыд аивæдты дæлхайад. Уым уыд драмон секци æмæ йын сæргълæууæгæй æвæрд æрцыд Тотраты Иваны фырт Бесæ. Йæ уарзон куыстыл зæрдиагæй æрлæугæйæ, уымæн цыбыр рæстæгмæ йæ къухы бафтыд йæ фыццаджы драмон къорд ногæй æрæмбырд кæнын, ноджыдæр ма йæм авд ног уæнджы бакæнын æмæ 1920 азы зымæджы культбригад «Сырх хæххон» фыццаг гастрольтимæ æрзынд Цæгат Ирыстоны хъæутыл. Театралон аивад Ирыстоны историйы фыццаг хатт хæстæгмæ æвдыст æрцыд, театр цы у, уый æмбаргæ дæр чи нæ кодта, уыцы фæллойгæнæг дзыллæтæн. Бесæ уæдæй фæстæмæ бнрæ фæллой кодта фидæны профессионалон театрæн дæсны актертæ бацæттæ кæныныл. Уый хъæппæрисæй арæзт æрцыд драмон аивады æхсæз мæйы курсытæ, йæхæдæг дзы ирон æвзагыл аив кæсыны ахуыргæнæг уæвгæйæ. Раст зæгъгæйæ, уæд уыцы æвзонг драмон коллектив тынг сахадыдта горæты æмæ хъæуты клубты драмон къордтæ саразыны хъуыдцагыл. Фæндзай дыууæ азы рацыд, драмон аивад уарзджытæ Тотраты Бесæйы разамындæй 1907 азы Олгинскæйы, ирон адæмы историйы фыццаг хатт, чысыл пьесæтæ æвæрын куы райдыдтой, уæдæй нырмæ. Фæндзай дыууæ азы! Æнусы æмбисæй фылдæр театры сценæйы! Фæндзай дыууæ азмæ Тотраты Бесæ зæронд æмæ ног пьесæты цы бирæ рольтæ ахъазыд, уыдон сæ арæзтмæ, сæ ахастмæ гæсгæ сты алыхуызæттæ æмæ дзурæг сты нæ фыццаг профессионалон актеры дæсныдзинадыл, йæ геройы зæрдæйы уаг арф равдисынмæ куыд хорз арæхсы, ууыл. Æмæ Бесæ цы обрæзтæ скодта, уыдонæн сегасыл зын æрдзурæн у, уымæн æмæ тынг бирæ сты, фæлæ дзы райсдзыстæм иу-цалдæр, ирон 4 49
театрмæ чи цыд æмæ цæуы, уыдон зæрдæмæ уæлдай тынгдæр чи ныххызт æмæ кæй никуы ферох кæндзысты, уыдонæй. Шекспиры трагеди «Отелло»-йы венециаг сенатор Брабанциойы - Дездемонæйы фыды - ролы хъазгæйæ, Тотраты Бесæ сарæзта, бынтæ æмæ бартæ кæмæн нæ ныууагъдæу ыд, у ыдон æмæ сау адæмы хатт æнæуынон кæмæн сты, ахæм сæрыстыр, æнæрвæссон æмæ хъал аристократы обрæз; Брабанциойы- Тотры-фырты ныхас у уæлæнгай æмæ схъæл, иу хуымæтæджы зæрдиаг дзырд йæ дзыхæй нæ хауы! Бесæйæн йæ ныхасы хъæд афтæ сыгъдæг у, æмæ йын фадат ис, Брабанциойы хъæлæсы хатт чысыл кæм фендæр вæййы, исты хъуыдцаг цыфæнды хуызы куы банкъары, уæд уыдон дæр бæлвырд равдисынæн, Сенатор Брабанциойы ролы Бесæ уæлæнгай, сайæн хъазт нæ кæны, фæлæ хъазы зæрдæйæ æмæ зæрдæмæхъаргæ. Афтæ зæгъæн ис, æмæ ирон театры уыцы диссаджы хорз спектаклы чи архайы, уыдонæй Бесæ у, йæ хъазт театрмæ кæсæджы зæрдыл фылдæр кæмæн лæууы, уыцы артисттæй иу. Плиты Грисы пьесæ «Чермен»-ы та Тотраты Бесæ аивадон æгъдауæй тынг тыхджынæй, йæхиуыл нæ бацауæрдгæйæ, раст æмæ бæлвырд æвдисы Хадзийы обрæз, йæ цард адæмæн лæггад кæнынæн чи снывонд кодта, раззагдæр зондахаст æмæ кълассон æмбаргæдзинад кæмæ ис, уыцы хæларзæрдæ зæронд Хадзийы обрæз. Театрмæ кæсджыты размæ æрлæууы бынтон æндæр зæронд лæг. Уый у кънйаз Вано (Цагарелийы пьесæ «Ханумæ»-йæ). Уый у æнæхатыр, æрмæст йæ уды дзæбæхдзинадæн чи цæры, ахæм зæронд лæг, гуырдзиаг феодал-аристократ. Уыцы роль ахъавынæн, кънйаз Ванойы обрæз скæнынæн Бесæйы бахъуыд тар ахорæнтæ æмæ актеры æндæр амæлттæ æмæ сæ ссардта, сарæхст сæм хорз. Токаты Асæхы комеди «Усгуртæ»-йы Тотраты Бесæ тынг зæрдæбынæй хъазы колхозон мыддар Хабосы роль. Уым та Бееæ хъæлдзæг, иттæг зæрдæмæдзæугæ рæсугъд хуызты равдыста нæ рæстæджы раззагдæр зондыл лæуд адæймаджы, патриархалон цардæй баззайæг æвзæр æгъдæуттæ иуварс мæрзæг ху ымæтæджы фæллойгæнæджы-колхозоны. 50
Зæронд актер Медведевы обрæз Бесæ тынг дæсны сарæзта В. Гусевы пьесæ «Слава»-йы. Тотры-фырт æй куы хъазы, уæд Медведевы обрæз аивадон æгъдауæй у æххæст, хъæлдзæг æмæ кæронмæ æмбæрстгонд: уыцы ролы Бесæ фидауы уæлдай хуыздæр, уымæн æмæ йæхæдæг, куыд адæймаг æмæ актер, у Медведевы æнгæс, æнгæстæ сты сæ цард æмæ сфæлдыстад дæр. Советон æцæгдзинад, ног цард, этикæ, адæмы æхсæн хæларзæрдæдзинад, уыдон хорздзинадыл аудын Тотры-фыртæн лæвæрдтой егъау сфæлдыстадон хъарутæ æмæ йын рауæрæх кодтой йæ актерон, литературон, падагогон æмæ æхсæнадон архайды арæнтæ. Йæ уæнгрогдзинадæй, йæ хъæлдзæгдзинадæй, аивад куыд æнæкæрон гынг уарзы, уымæй Бесæ кæдцæридцæр ныфс лæвæрдта, сценæйы кæимæ хъазьщ, йæ уыцы æмбæлттæн. Ирон театралон кулыурæ рæзын кæныны историйы 1931 аз у зæрдыллæугæ аз: уæд уынаффæ хаст æрцыд, Цæгат Ирыстоны иудадзыг кусæг национ театр саразыны тыххæй. Ноджы бар лæвæрд æрцыд Мæскуыйы театралон аивады паддзахадон институты цур сæрмагонд ирон хайад байгом кæнынæн. Уый ирон театры фидæны актертæн стыр фадат байгом кодта столицæйæ фæлтæрдджын ахуыргæнджыты разамындæй театралон аивады бындуртæ сахуыр кæнынæн. Институты ирон хайадмæ ирон æвзагыл сыгъдæг дзурыны æмæ аив кæсыны ассистентæй æрвыст æрцыд Тотраты Бесæ. Уый ахуыр кодта фидæны актерты, фæлæ ахуыр кодта йæхæдæг дæр: институты куы куыста, уыцы цыппар азы дæргъы Бесæ лæмбынæг ахуыр кодта К. Станиславскийы системæ. Театралон аивады цы æнтыстдзинæдтæ равдыста æмæ Цæгат Ирыстоны профессионалон театр саразыныл стыр куыст кæй бакодта, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы сгуыхт артисты ном, 1940 азы та - Цæгат Ирыстоны АССР-йы аивадты сгуыхт архайæджы ном. Ныр, Тотраты Иваны фырт Бесæйы райгуырдыл 78 азы æмæ сценæйы куы хъазы, ууыл 52 азы куы сæххæст, уæд ирон музыкалон-драмон театр йæ актертæ æмæ актрисæтимæ у ымæй у стыр бузныг. О, Тотраты Бесæйы сгуыхтдзинæдтæ сты егъау: уый мах зонæм канд фыццаг ирон профессионалон актерæй нæ, канд 51
актерты къорд фæлтæры сахуыргæнæг æмæ схъомылгæнæгæй нæ, фæлæ драмон аивад уарзджыты фыццаг къордтæ чи сарæзта, ирон драмон аивады суадæттæ чи рауагъта æмæ уымæй ирон адæмæн æппæт адæмты культурæйы хæзнадæттæм ноджыдæр ма иу фæндаг байгом кæнынæн чи фæахъаз, ахæмæй дæр. Иукъорд боны размæ Бесæ ацыд пенсимæ. Республикæйы культурон фронты архайджытæ зæрдиаг арфæ ракодтой уымæн йæ бирæ æмæ намысджын фæллойы тыххæй. Ирон адæмы зæрдæ Бесæйæн зæгъы, цæмæй йæ фæллад суадза, бирæ азты ма фæцæра хъæлдзæг æмæ æнæнизæй. -<©$€*>- 52
Хъулаты С. СЕРГЕЙ МИРОНОВИЧ КИРОВ ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ 1909 азæй 1917 азмæ Дзæуджыхъæуы горæты цардис æмæ куыста В. И. Ленины иузæрдион ахуыргæнинаг, зындгонд большевик Сергей Миронович Киров. Ирыстонмæ ссæуыны агьоммæ Сергей Миронович Киров царди Иркутскы горæты. Томскы горæты сусæгæй цы типографи сарæзта, уый паддзахы фæсдзæуинтæ куы базыдтой, уæд æй æрцахсынмæ хъавыдысты. Паддзахы жандармтæй йæхи бахъахъхъæныны тыххæй 23-аздзыд æхсарджын лæппу Сергей Миронович Сыбырæй рацыд Дзæуджыхъæумæ. Ам уый кусын байдыдта газет «Терек»-ы корректорæй, уый фæстæ та редакцийы литературон кусæгæй. С. М. Киров уæды рæстæджы дæр хорз зыдта, паддзахы цензурæйы хъадамантæ æвæрд кæуыл ис, ахæм хуымæтæг провинциалон газетæй дæр кæй ис спайда кæнæн раззагдæр идейагтæ пропагандæ кæныны хъуыддаджы. У ыимæ журналисты професси Кировæн фадат лæвæрдта иуцасдæр сæрибарæй архайынæн, сусæгæй партион куыст рапарахат кæнынæн. Теоретикон æгъдауæй цæттæ кæй уыдис, стæй йæм сусæг æмæ партион куыст кæныны фæлтæрддзинад кæй уыдис, уый фæрцы Киров хорз арæхст уыцы газеты фæрстыл капитализмы æцæг цæсгом æргом кæнынмæ. Уый дзыллæтæн æмбарын кодта се стыр хæстæ хæдхæцæг паддзахы ныхмæ тохы, сæ зондахаст сын арæзта марксистон фæндагыл. Кировы статьятæ-иу газеты алы номыры дæр уыдысты. Уыцы статьяты уый æвдыста паддзах æмæ бынæттон æлдæртты цæстфæлдахæн æмæ мæнгард митæ. Мæгуыр цæрæг адæмыл цагъары къæлæт кæй дардтой, уый тыххæй, Сергей Миронович хурмæ хаста паддзахы фæсдзæуинтæ Гучковы æмæ Милюковы æнаккаг митæ. Кировы цырддзаст æмæ революцион цæстæнгасы фæрцы газет «Терек» критикæ кодта, суанг Мæскуыйы цы газеттæ цыдис, уыдон дæр. Уæлдай карздæрæй ныхас цыдис, кънйаз 53
Мещерский разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы реакцион газет «Ног рæстæджы» ныхмæ. Сергей Миронович йæ уацхъуыдты æмæ раныхæсты адæмæн æмбарын кодта, зæгъгæ, фæллойгæнæг дзыллæтæ осæст æмæ цагъаргонд кæй цæуынц, уым аххосджын кæй у «петербургаг цæстæнгас», афтæ Киров фæсномыгæй амыдта паддзахы хицауадмæ. Реакцийы рæстæджы пъæлицæ ныппырх кодта Дзæуджы- хъæуы горæты социал-демократон организацийы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы организациты куыст ногæй стыхджын кæ- нынæн бирæ тых хъуыд æмæ уыцы тых разынд Кировмæ. Уый разамынд лæвæрдта социал-демократон организанитæн, йæ къахыл сæвæрдта партион куыст горæты егъаудæр промыш- леннон куыстуæтты, æфсæнвæндаджы мастерскойты (ныры ва- гæттæ ремонтгæнæн заводы), Алагиры здыйы-æрхуыйы заводы (ныры «Электроцинк»-ы æмæ æндæр куыстуæтты. Профессионалон революционер Сергей Миронович, уæлдæр куыд загътам, афтæ иттæг хорз арæхст сусæг партион куыст æргомæй тох кæныны формæтимæ бæттынмæ, коопераци, мыкуыр æмæ культуронрухсадон орпанизацитæй арæхстджынæй опайда кæнынмæ. Уый арæхстджынæй архайдта бирæнацион Терчы облæсты фæллойгæнджыты æхсæн интернационалон лымæндзинады зондахаст бамбарын кæныныл, цæттæ сæ кодта хæдхæцæг паддзахы ныхмæ æнауæрдон æмæ карз тохтæм. Фæллойгæнджытæ æмæ демократон зондахастыл хæст чи уыдис, уыцы интеллигенцийы раззагдæртæ стыр зæрдиагæй ка- стысты Кировы статьятæ газет «Теречы»: «Октябристты сæнт- тæ» æмæ «Зæронд фарстатæ». Уым ныхас цыдис хурныгуылæй- наг капитал Уæрæсейы адæмон хæдзарады къабæзты, уæлдай- дæр та промышленносты йæхицæн бынат кæнын кæй байдыдта, уый тыххæй. «Ног рæстæг», «Æгæр æууæнкдзинад», зæгъгæ, йæ уыцы статьяты та дзырдта антисемитизмы тыххæй. «Тых ис иудзинады» æмæ йæ бирæ æндæр статьяты Сергей Мироно- вич дзырдта царды егъау фарстатыл; фæллойгæнæг дзыллæты хъысмæтыл, уыдоны цард фæхуыздæр кæныныл. Гъе уымæ гæсгæ уыцы статьятæн егъау уыд сæ ахадындзинад. 54
Культурон-рухсадон куыстæн, куыд революцион пропаган- дæйы ахъаззаг къабазæн, стыр аргъ кæнгæйæ. Киров арæх ре- цензитæ фыста литературон ног уацмыстыл, театры цы спек- такльтæ æвдыст цыдис, уыдоныл. 1912 азы Алагиры заводы кусджытæн Сергей Миронович байгом кодта, æргомæй чи куыста, ахæм скъола, йæхæдæг та дзы уыдис уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг. Йæ урокты рæстæджы- иу арæх ныхас кодта политикон темæтыл. Æмæ йæм кусджытæ цымыдисæй хъуыстой кæддæридцæр. Сергей Миронович Киров бирæ бакуыста газет «Теречы» Максим Горькийы æмæ иннæ революцион фысджыты уацмыстæ пропагандæ кæныныл. Бирæ литературон æрмæг ныммыхуыр кодта ивгьуыд æнусы зындгонд прогрессивон архайджытæ - Белинский, Чернышевский æмæ æндæрты тыххæй. Терчы облæсты бынæттон администраци кæд нæ уагъта, уæддæр, Кировы бон бацис цытджын ирон фыссæг, демократ æмæ революционер Хетæгкаты Къостайы амарды дæс азы бонмæ, стæй Т. Г. Шевченкойы амарды 50 азы бонмæ дæр газет «Теречы» æрмæг раттын. С. М. Киров-иу йæ фæллад суадзыны хуызы арæх ацыдис хæхтæм. уыдис-иу хъæуты, зæрдæбын ныхасиу кодта хæххон цæрæг адæмимæ, биноныг сын ахуыр кодта сæ цард æмæ се ’гъдæуттæ, байхъуыста-иу сын сæ хъæстытæм æмæ-иу сын амынддзинæдтæ радта. 1913 азы Сергей Миронович æнæнхъæлæджы хуызы абалц кодта Эльбрусы хохы алыварс хъæутæм. Уыцы рæстæг та райдыдта Зольскы сыстад Кæсæджы. Уыцы фæндагыл Киров базонгæ кæсгон мæгуыр адæмы революцион раздзæуджытимæ. Хæххон хъæуты федта фæллойгæнджыты зын царды уавæртæ. Бирæ уыдысты уымæн йæ зонгæтæ Дзæуджыхъæуы кусджыты æхсæн, стæй ирон хъæуты интеллигенцийы раззагдæрты æхсæн дæр. Уыцы зонгæты æхсæн уыдис Мария Львовнæ Маркус дæр. Уый ракуырдта Киров. Æмæ йæ уарзон къай Мария фæстагмæ сси уымæн йæ хуыздæр æмбал, йæ зынаргъдæр æххуысгæнæг. Сергей Мироновичы тыххæй дзургæйæ, газет «Теречы» раздæры кусæг Г. М. Резакова мæнæ афтæ фыста: 55
«Сергей Миронович уыди тынг бонзонгæ æмæ хæдæфсарм, фæлæ-иуныхаскæнгæйæйе’мбæлттыалыхаттдæрдисыбафтыдта йæ зонындзинæдтæ æмæ хъæлдзæг ныхасмæ арæхсындзинадæй Сергей Мироновичмæ уыдис иу миниуæг, æмæ кæдцæриддæр мæ зæрдыл лæудзæн. Сæрибар æмæ зæрдæйы фаг хъуыдытæн зæгъæн кæм нæ уыдис, гимназийы уыцы уæззау уавæрты фæстæ æз æвиппайды Сергей Мироновичыл фембæлдтæн. Базонгæ дæн ахæм адæймагимæ, кæцы мын куыдцæр æвиппайды мæ зæрдæйы бауагъта хъару, ныфс æмæ тых. Арæх-иу мæ арæзта раст фæндагыл, сфæлдыстадон куысты размæ ракæныныл». Г. Солдатов, П. Турыгин æмæ иннæтæ сæ мысинæгты фыссынц. зæгъгæ, Сергей Мироновичы чи зыдта, уьщонæн се’ппæты æхсæн дæр уымæн стыр кад уыдис кæддæриддæр. Уый фидар бастдзинад дардта æфсæнвæндаджы мастерскойты, Алагиры заводы, типографийы æмæ æндæр куыстуæтты фæллойгæнджытимæ. Уыдоны æхсæн кодта пропагандистон куыст, кæддæриддæр иу уыд сæ сусæг æмбырдтæ æмæ маевкæты активон архайæг. Февралы буржуазон-демократон революцийы фæуæлахизы тыххæй хабар Дзæуджыхъæумæ фехъуыст æрмæст 4-æм мартъийы. Æмæ ам дæр, куыд бæстæйы æппæт кæрæтты дæр, хæдхæцæг паддзахы раппарыны фæстæ хъуыддаг ахицæн æрмæст падцзахы бынæттон хицæуттæ æндæртæй раивынæй Фæндзæм мартъийы Дзæуджыхъæуы горæты алыхуызон буржуазон æмæ лыстæгбуржуазон организациты минæвæрттæй арæзт æрцыд «Граждайнаг комитет», йæ сæргъы та уыд IV пад- дзахадон Думæйы уæнг, Терчы хъазахъхъаг æфсæдты атаман М. Караулов. «Граждайнаг комитетæй» дарддæр ма горæты фæ- зынд æндæр разамонæг оргæн - Дзæуджыхъæу ы кусджыты депу- татты Совет. Уый арæзт æрцыд æфсæнвæндаджы мастерскойты æмæ Алагиры заводы кусджыты минæвæрттæй, лыстæгбуржу- азон эсерты æмæ меныпевикты политикон партиты минæвæрт- тæй. Советы уыдысты болыыевикты минæвæрттæ дæр. Майы фыццаг æмбисы С. М. Киров, большевикты фракцийы номæй Дзæуджыхъæуы кусджыты Советы карз ныхас ракодта «Граждайнаг комитеты» уынаффæйы ныхмæ. Уыцы уынаффæмæ 56
гæсгæ бар лæвæрд нæ цыд кусджыты æмбырдтæ æмæ митингтæ аразынæн. Киров адæмæн бамбарын кодта «Граждайнаг комитеты» архайд реакцион æмæ адæмы ныхмæ кæй уыдис, уый. Уыцы хъуыддаг тынг стыр æххуыс фæци большевикты дардцæры куыстæн. Уыцы рæстæджы С. М. Киров ноджы фæтыхджындæр код- та йæ партион куыст, болыневикты рæнхъытæм активондæр кусджыты æмæ хæххон мæгуыр цæрæг адæмы минæвæртты æрбакæныны куыст. Уый фæрцы арæзт æрцыдысты Дзæуджы- хъæуы кусджыты фыццаг профессионалон цæдистæ. Дзыллæты æхсæн организаторон æмæ политикон куыст кæн- гæйæ. Сергей Миронович æмбарын кодта кусджытæн, салдæт- тæн, хæххон фæллойгæнæг адæмæн, зæхкусæг хъазахъхъæгтæ, февралы революиийы фæстæ сæ дарддæр æнæмæнг тох кæнын кæй хъæуы помещикты æмæ капиталистты ныхмæ. Уый фæл- лойгæнæг дзыллæтæн амыдта В. И. Ленины зындгонд Апрелы тезисты сæйраг хъуьщы. Уыцы тезисты бæлвырд амынд уыдис буржуазон-демократон революцийæ социалистон революцимæ рахизыны пълан. Ирыстоны партион организацитæ, сæ сæргъы С. Киров, Н. Буачидзе, Цæголты Г., Я. Маркус æмæ иннæтæ стыр куыст кодтой фæллойгæнæг дзыллæтæн Ленины Апрелы тези- сты ахадындзинад æмбарын кæныны хъуыддаджы. С. М. Киров-иу алы бон лæр раныхас кодта кусджыты æмбырдты æмæ митингты. йæ ныхас кæддæриддæр уыдис бæлвырд æмæ æнцонæмбарæн, зæрдæмæдзæугæ, социалистон революцийы идейтыл иузæрдион. Уымæ гæсгæ адæм тынг стыр аргъ кодтой Сергей Мироновичы разамындæн, бирæ йæ бауарзтой. Меныыевиктæ æмæ-иу эсертæ æдас нæ уыдысты, Киров- иу куы ныхас кодта, уæд, уæлдайдæр та йæ цыргъ ныхæстæй. Киров-иу цы æмбырды ныхас кодта, уырдæм-иу алы хатт дæр меньшевиктæ сæ арæхстджындæр ораторты æрвыстой, фæлæ-иу уæддæр састы бынаты баззадысты. Газет «Терек»-ы С. М. Киров мыхуыр кодта болыыевикон лозунгтæ. Уый Терчы демократимæ сидтис сæ тыхтæ баиу кæнынмæ, кънйазты, помещикты æмæ монархистты ныхмæ тох 57
кæнынмæ. Уый фыста, зæгъгæ, «нæ парти хъуамæ хъæддыхæй æрбаиу кæна йæ хъаруджын рæнхъытæ, цæмæй бахъуаджы сахат архайæг уæм ног Уæрæсейы арæзтады». 1917 азы фæззæгæй фæстæмæ Кировы фæрцы, газет «Терек» хуинын байдыдта «Сырх тырыса», йæ редакцийæ та æрвыст æрцыдысты гуырысхойаг кусджытæ. Газет «Сырх тырыса» æцæгæйдæр ссис Дзæуджыхъæуы болыневикон организацийы æмæ кусджыты æмæ салдæтты де- путатты Советы оргæн, æмæ йæ æнувыдæй кастысты хъæуты, станицæты æмæ горæты фæллойгæнджытæ, базыдтой дзы боль- шевикон рæстдзинад, æцæг ныхас. Дзæуджыхъæуы болыпевикон организацийæн бонæй- бонмæ тынгдæр рæзыд йæ кад кусджытæ æмæ зæхкусджыты æхсæн. Фылдæр кодтой сæ уæлахиздзинæдтæ. Фæлæ æнцад нæ бадтысты бынæттон контрреволюцион тыхтæ дæр. Уыдон аразын байдыдтой алыхуызон мæшгæрд æмæ гадзрахат митæ. Реакцион тыхтæ, цъыфкалæн кодтой болыневиктыл, Советтыл. Уыдон кæрæдзиуыл ардыдтой Кавказы хицæн адæмты. Уыдоны провокацийы аххосæй контрреволюцион элементты ардыдæй 6-æм июлы Дзæуджыхъæу ы 135 полчъы салдæттæ æбуалгъ бырст ныккодтой хохы цæрджытæй горагты базармæ чи æрбацыдис, уыдонмæ. У ыцы хабар уайтагъддæр айхъуыст хæстæгдæр хæххон хъæу- тыл. Тæссаг уыдис нациты æхсæн æдгæрзтæ тох куы стыхджын уыдаид, уымæй. Уый та Терчы революцийы хъуыддагæн стыр зиан æрхастаид. Æмæ Сергей Миронович Киров йæхæдæг ацыд хæххон хъæутæм. Адæмимæ баныхас кодта, хурмæ хаста æмæ æнгом кодта хæххон контрреволюцийы провокацион хъуыддæг- тæ. Уый фæрцы болыыевиктæн сæ бон баци нациты æхсæн тох бамынæг кæнын. 1917 азы 5-æм октябры Киров Дзæуджыхъæуы Советæй делегатæй æвзæрст æрцыдис Æппæтуæрæсейон Советты Н-аг съездмæ. Уыцы съезд уыди Петрограды. Петроградæй фæстæмæ куы сыздæхтис, уæд Советы П-аг съезды итогтыл дзургæйæ, 17 æм ноябры Киров бацамыдта, зæ- гъгæ, æрыгон Терчы республикæ уыдзæн Советон хицаудзина- 58
ды фидар æнцой Цæгат Кавказы. Уый загъта: «Кавказы хæхты æрмæст рæсугъддзинад нæй, фæлæ уыцы сæрыстыр къæдзæх- тæ сты, реакцийы æппæт тыхтæ кæуыл ныппырх уыдзысты, ахæм домбай тых, уыцы æнусон хæхтæй, кæмттæй хъуысы канд дымгæйы ниуын нæ, фæлæ ма уым хъуысы демократийы æцæг фыртгы революцион зарæг дæр»... 1917 азы арæзт æрцьщ ирон мæгуыр цæрæг адæмы револю- цион-демократон парти «Кермен». Æмæ кæд уыцы партийæн бæлвырд программæ нæ уыдис, уæдцæр тох кодта ирон мæгуыр адæмы интерестыл, социалистон революцийы сæраппонд. Ки- ров стыр аргъ кодта уыцы партийæн. «Кермены» партийæн уы- дис стыр ахадындзинад Терчы бæстæйы социалистон револю- цийы фæуæлахизы хъуыддаджы. 1917 азы ноябры æмæ декабры Учредителон æмбырды æмæ Дзæуджыхъæуы горæты Думæмæ æвзæрстытæм цæттæ кæнгæйæ, болыыевикон организаци, стыр куыст кодта дзыллæты æхсæн. Уый фæрцы Дзæуджыхъæуы болыневикты организаци, «Кермен»-ы партиимæ иумæ архайгæйæ, фæуæшахиз сты уыцы æвзæрстыты. Æвзæрстытæ куыд равдыстой, афтæмæй большевикты парти ссис æппæтæй кадджындæр дзыллæты цæсты, уый фæдыл цьщис Цæгат Ирыстоны фæллойгæнджыты фьшдæр хай. Терчы, уæлдайдæр та Цæгат Ирыстоны, Сергей Миронович Киров цы революцион ку ыст кодта, у ымæн ис стыр ахадындзинад. Терчы фæллойгæнджытæ никуы ферох кæндзысты æхсарджын большевик æмæ зындгонд революционер Сергей Миронович Кировы, уый кадцжын ном æнустæм цæрдзæн адæмы зæрдæты. —<©$©>=- 59
Тедтойты Лслæмбег АДÆМЫ АМОНДЫЛ ТОХГÆНÆГ 1898 азы Æрыдоны семинарæй аппæрстой иу æвзыгъд, цæхæрцæст лæппуйы. Приказы куыд ныффыстой æмæ семинаристтæ куыд базыдтой, афтæмæй цухгонд æрцыди, «ахуыры кæй не ’ййафы», уыйтыххæй. Скъолайы администраци кæм бауæндыдаид æцæг хабар схъæр кæнын! Æцæгдзинад æгас фæсивæдæн дæр уыдаид амидин кæныны хос... Уый уыди Мамсыраты Гидзы фырт Саханджери - фидæны зынгæ революционер æмæ æхсæнадон стыр кусæг Цæгат Кавказы. Лæппу нæ бауарзта дины предметтæ, уымæн æмæ æгасæйдæр мæнгдзинæдтыл арæзт уыдысты. Йæ алыварс цытæ уыдта æмæ урокты цытæ дзырдтой, уыдон кæрæдзимæ дард уыдысты. Æвзонг лæппу уæдмæ бирæ фыдæбæттæ, æххормаг бонтæ баййæфта, бирæ фидистæ фехъуыста, «гъе уæртæ «времынæн», зæгъгæ, æмæ йæ зæрдæйы цы маст ссыгъди, уый йæ бакодта сусæг куыстгæнæг революцион къордмæ... Уырдыгæй, уыцы къордæй райдыдта Саханджерийы царды ног, зын, фæлæ стыр æмæ арфæйаг фæндаг... Лæппу скъолайæ куы фæхауæггаг, уæд йæхи айста хæхтæм æмæ ахуыргæнæгæй ныллæууыд фыццаг Хъобаны, стæй та Куырттаты комы, Хидыхъусы. Уый уыди фыццаг уырыссаг революцийы агьоммæ. Бæстæйы тыхджын кодта хæдхæцæг паддзахы ныхмæ змæлд æмæ уыцы тохы тæваг фæхæццæ Уæрæсейы кæрæттæм дæр. Саханджери революцион пропагандæ кодта фæсивæды æхсæн, хæлиу кодта падцзахы ныхмæ листовкæтæ, цыди маевкæтæм Дзæуджыхъæуы кæронмæ. Бынæттон хицæуттæ йæ фæстæ фæдысмудæн райдыдтой æмæ йæ æрцахстой. Уый уыди фыццаг ахст. Фæлæ æвзонг лæппу нæ фæтарст, йæ ныфс нæ асаст. Куы суæгъди, уæд Мæскуымæ ацыд æмæ та зæрдиагæй бацыди революцион куысты. 1906 азы майы йæ сæвзæрстой Мæскуыйы æгуыст адæмы Цæдисы президиумы уæнгæй æмæ ревизион къамисы сæрдарæй. Уырдыгæй дæр та 60
Саханджери йе ’мгусджытæй цалдæримæ бахаудта ахæстонмæ. Мамсыры-фырты банымадтой «æхсæнадон æгъдауæн æмæ æнцой цардæн тæссаг адæймагыл» æмæ йæ дардтой фыццаг Бутыры, стæй та Пречистинскы æмæ Якиманскы ахæстæтты. Саханджери уырдыгæй рацыд, йæхæдæг куыд фыста, афтæ «фидар большевикæй». 1906 азы фæззæджы йæ райстой болыыевикон партийы рæнхъытæм. Ныр йæ цард æгасæй дæр сныв кодта фæллойгæнæг адæмы сæрыл тохæн. Уый уыди тыхджын реакцийы рæстæг. Падцзах 1905 азы революцийы фæстæ æгъатырæй æфхæрдта, чысылдæр тæссагыл кæй нымадта, йæ зæрдæ кæмæ æхсайдта, уыдон. 1907 азы Саханджерийы ныууадзын бахъуыд йæ ахуыр Мæскуыйы коммерцион институты æмæ алыгъди Петроградмæ, уырдыгæй та Дзæуджыхъæумæ. Уым дарддæр йæ куыст кодта æмбæхстæй. Жандармтæ базыдтой, Ольгискæйы зæхкусджыты сыстад Мамсыры-фырты куыст кæй уыди, уый æмæ та йæ æрцахстой. Ахæстоны бирæ нæ фæци, алыгъд. Дарддæр сусæг куыст кодта Цæгат Ирыстоны алы районты, Мæскуыйы æмæ Нижний Новгороды. 1911 азы кæронмæ куыста Царицыны зæххыты управленийы. У ым йæ хъустыл æрцыд, ахсынвæнд та йæ кæй кæнынц, у ый æмæ Сыбырмæ алыгъд. Жандармтæ нын уым дæр йæ фæд ссардтой, æмæ уæд йæхи айста Китаймæ. Уыди Японы. Австралийы дæр. 1915 азы та ахст фæци. Бадти Харбины, Владивосточы ахæстæтты. Февралы революцийы фæстæ ссыди Дзæуджыхъæумæ æмæ аныгъуылд æхсæны стыр куысты. Болыыевикон партийы, С.М. Ки- ровы æмæ Н. Буачидзейы разамындæй тох кодта бынæттон контр- революцийы ныхмæ. политикон куыст кодта салдæтты æмæ хæх- хон фæсивæлы æхсæн. Терчы-Дагъестаны окруджы учредителон æмбырдмæ æвзæрстыты рæстæг Мамсыраты Саханджерийы ном болыиевикон номхыгъды фыст уыди фыццæгтимæ. Равзæрстой йæ партийы Дзæуджыхъæуы горæты комитеты уæнгæй. Терчы облæсты большевиктæ — æмбæлттæ Орджоникидзе, Киров, Буачидзе, Анджиевский, Цæголы-фырт æмæ æндæртимæ 61
Мамсыры-фырт стыр разæнгардæй сæмбæлд Октябры революцийы уæлахизы хабарыл. Партийы фæдзæхстæй Мæхъхъæлы, стæй та Грознайы кæны стыр политикон куыст. тох кæны анархийы, контрреволюцион бандæты ныхмæ, аразы революцион комитеттæ æмæ æндæр советон организацитæ. Уыцы рæстæджы Дзæуджыхъæуы ралæууыд уæззау бонтæ. Урс афицертæ, сæ сæргъы булкъон Беликов, афтæмæй хицаудзинад сæхи къухтæм райстой æмæ сæ цы фæндыди, уый кодтой. Адæмы стыгътой, алы фыдмитæй сыл нæ ауæрстой. Мæздæгмæ, Терчы облæсты адæмты съездмæ цæугæйæ, урсгвардионты къухмæ бахауд Саханджери дæр, фæлæ йæ съезды цæхгæр домæнмæ гæсгæ суæгъд кодтой. Большевиктæ Киров, Буачидзе, Мамсыры-фырт æмæ æндæртæн съезды сæ бон баци демократон партиты æмæ къордты тыхтæ баиу кæнын æмæ «социалистон блок» саразын. Урс хъазахъхъы æмæ контрреволюцион тыхты минæвæрттæ архайдтой сæхи фæнд атæрын æмæ фарстатæ сæхи пайдайæн алыг кæныныл. Фæлæ болыневикон фракци равдыста стыр фидардзинад, æмæ знæгты пълантæ фехæлдысты. Терчы облæсты адæмты хъысмæты ахсджиаг бынат ахсы Пятигорскы съезд. Уым фидарæй загъд æрцыди, облæст æнæфæхицæнгæнгæ кæй у Саветоя Уæрæсейæ. Съезд равзæрста Терчы республикæйы Адæмон Совет æмæ Адæмон Комиссарты Совет йæ сæргъы Н. Буачидзеимæ. Съездæн йæ куыст Дзæуджыхъæумæ куы рахастой, уæд Мамсыры-фырты та ныууагътой Пятигорскы районы æмæ Георгиевскы, революцион куыст кæнынмæ, стæй Терчы облæсты æмæ Кубаны-Сау денджызы республикæйы æхсæн бастдзинад дарыны тыххæй. Саханджери активон архайæг уыди Терчы адæмты III съезды дæр Грознайы. Н. Буачидзе æмæ иннæ болыыевиктимæ фидарæй тох кодта зæххы фарста, Терчы облæсты гæрзифтонг тыхтæ саразыны, промышленность фæстæмæ йæ къахыл слæууын кæныны æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæ фæллойгæнæг адæмы пайдайæн алыг кæныныл. Иннæ иузæрдион большевикты хуызæн Мамсыры-фырт дæр ныхкъуырд радта «хæдбар Цæгат Кавказы паддзахад» саразыныл æмæ йæ Уæрæсейæ фæхицæн 62
кæныныл архайджытæн, дзырдта Ленины хъуыдыйы фарс Брест Литовскы фидыддзинады фарстайы тыххæй. Æмбæлттæ Буачидзе, Пашковский, Бутырин, Бутаты Хъазыбегимæ иумæ Саханджери дæр уыцы съезды æвзæрст æрцыди Терчы облæсты адæмон Советмæ... 1918 азы сæрды деникинонтæ Цæгат Кавказмæ куы бырстой, уæд Мамсыры фырт сырхгвардионты отрядимæ карз тох кодта урсгвардион балбирæгъты ныхмæ. Куыста æфсæдцон комиссарæй Георгиевскы æмæ Пятигорскы, уыди округæк æртæ уынаффæгæнæгæй иу, партийы окруджы æмæ облæстон комитетты уæнг, Цæгат Кавказы æфсæдты реввоенсоветы сæрдар. Уыцы аз фæззæджы революцийыл гадзрахатæй рацыд сæйраг командæгæнæг Сорокин. Уый æрцахсын кодта æмæ Машукы хохрæбын фехста иукъорд зынгæ болыневичы - Крайнийы, Рубины, Власовы, Дунаевскийы æмæ æндæрты. Ахст æрцыди Мамсыры-фырт дæр, фæлæ йæ сырхæфсæддонтæ æмæ партизантæ мæлæтæй фервæзын кодтой. Сорокин æмæ иннæ фыдгæнджытæ баййæфтой аккаг æфхæрд. Знаг размæ бырста хъæхъхъаг бирæгъау æмæ Сырх Æфсады хæйтты бахъуыди чъылдымырдæм рацæуын. Уыцы зын рæстæджы С. Орджоникидзейы хъæппæрисæй арæзт æрцыди Цæгат Кавказы хъахъхъæнынады Совет. Мамсыраты С. уыди уыцы Советы фондз уæнгæй иуйæ тыхтæ æнæвгъауæй лæвæрдта урс бандитты ныддæрæн кæнынæн, сырхæфсæддонтæм æмæ сырх командиртæм силти знаджы ныхмæ ноджы æгъатырдæрæй хæцынмæ. Саханджери 1918 азы кæрон фæстинонæй æрбацыл. Дзæуджыхъæумæ УК(б)П-йы Крайы съездмæ. Уалынмæ горæт урсытæ бацахстой æмæ йæ иннæ большевиктимæ бахъуыди йæхи æмбæхсын. Чысыл фæстæдæр иу-къордæй æфцæгыл ахызтысты Гуырдзыстонмæ. Уым дæр Саханджери кодта политикон-партион куыст. Фæлæ йыл гуырдзиаг меныыевиктæ гадзрахатæй рацыдысты æмæ йæ бакодтой Метехы ахæстоны 1920 азы февралы йæ арвыстой Бакуйырдæм. 63
1920 азы мартъийы кæрон Цæгат Кавказ æгасæйдæр суæгъд урс бандæтæй. Цæгат Ирыстоны дæр æнусмæ сфидар советон хицаудзинад. Мамсыры-фырт уыцы рæстæджы æрбаздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ нысангонд æрцыд Владикавказы окруджы революцион комитеты сæрдарæй, равзæрстой йæ партийы обкомы президиумы уæнгæй. 1921 азы январы арæзт æрцыдн Хæххон Автономон Советон республикæ. Мамсыраты Саханджери æвзæрсг æрцьщи респу- бликæйы Адæмон Комиссарты Советы сæрдарæй. Уый фæстæ Саханджери куыста Цæгат Кавказы Крайæх- хæсткомы сæрдары хæдивæгæй, Цæгат Кавказы крайы национ Советы сæрдарæй æмæ æндæр бæрнон бынæтгы. Бирæ хæттыты æвзæрст æрцыди партийы обкомы æмæ крайкомы уæнгæй, уыди Советты Æппæтуæрæсейон съезды делегат, Партийы XIII съез- ды делегат. Цæгат Ирыстоны æнусмæ советон хицауад куы æрфидар, ууыл 40 азы сæххæсты бон бæрæг кæнгæйæ, фæллойгæнджытæ æхсызгонæй мысынц иузæрдион ленинон æмæ æхсидгæ рево- люционер, адæмы амондыл тохгæнæг, Мамсыраты Сахандже- рийы ном. —<©8€^- 64
Ардасенты Хадзыбатыр ИРОН СОВЕТОН ЛИТЕРАТУРÆ ЙÆ РÆЗТЫ ФÆНДАГЫЛ Ацы аз Цæгат Ирыстоны Советон Социалистон Автономон Республикæ кадимæ æрвиты, контрреволюцион урс бандæтæ бынтон дæрæнгонд куы æрцыдысты æмæ Советон Хицаудзинад ногæй куы æрфидар ис Цæгат Ирыстоны, уыцы стыр бæрæгбон. Нæ республикæйы фæллойгæнджыты къухы бафтыди, ныронг кæй нæма фендæуыди, ахæм æнтыстытæ сæ экономикон æмæ культурон рæзты. 40 азы дæргъы Цæгат Ирыстоны хъæутæ æмæ горæттæ, фыццаджы тар уынгæг кæмттæ æмæ фæзтæ сæ хуыз аивтой. Нæ республикæйы сырæзти бирæ ног заводтæ æмæ фабриктæ, шахтæтæ æмæ электростанцæтæ. Совхозты æмæ колхозты быдырты кусынц тæккæ ногдæр машинæтæ. Æгæрон сырæзыди ирон адæмы советон социалистон культурæ, нæ республикæ ссис, йæ цæрджытæ иууылдæр ахуыргонд кæм сты. ахæм республикæ. Фæлæ мах ныртæккæ дзурдзыстæм не стыр советон культурæйæн йæ иу къабазыл - ирон советон литературæйы рæзтыл. Ирон литературæ советон азты дæргъы цас сырæзыди, уый иу цыбыр статьяйы зын равдисæн у. нæй ранымайæн ирон фысджытæн айдагъ сæ нæмттæ æмæ сæ уацмыстæ дæр. Фæлæ цыбырæй зæгъдзыстæм ирон литературæ цы уавæры уыдис æмæ цы фæндæгтыл рацыдис, хицæн этапты йæм иы сæйрагдæр миниуджытæ уыдис, уыдон. Граждайнаг хæсты рæстæджы советон хицаудзинад æрфи- дар кæныны сæраппонд цы стыр æмæ карз тохтæ цыди контр- революцион тыхты ныхмæ, уым активонæй архайдтой ирон фысджытæн сæ раззагдæртæ (Барахъты Гино, Дзадтиаты Алык- сандр, Багъæраты Созур æмæ æндæртæ). Февралы революцийы фæстæ сыбыры хастæй æрбаздæхгæйæ, зынгæ ирон революцион поэт Гæдиаты Цомахъ активонæй райдыдта тох кæнын советон хицаудзинад æрфидар кæныны 65 5
сæраппонд. «Арв нæры», зæгъгæ, йæ æмдзæвгæйы Цомахъ аив хуызты равдыста революцийы фæуæлахидзинад. Граждайнаг хæсты рæстæг революцион æмдзæвгæтæ фыста Багъæраты Созыр. Йæ сатирикон æмдзæвгæты поэт худти меньшевиктыл æмæ буржуазон националисттыл («Æрвдзавд гъæу», «Гоппойти къуар» æмæ æндæртæ). Революцийы тæккæ райдайæны поэт Нигер йæ цæстæнгас равдыста «Размæ», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы. Нигер æргом æмæ уæндонæй сидтис хъазуат тохмæ зæхджынты æмæ бонджынты ныхмæ. Граждайнаг хæсты фæстæ фæллойгæнæг адæм куы фæуæлахиз сты сæ фыдызнæгтыл, уæд та йæ цин равдыста «Цæр», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы. Нигер фыста: Кæмттæн сæ нарджытæй нал хьуысынц хъарджытæ Нал кæуы сидзæр сыдæй. Мæгуыры къæхты бын ниуынц йæ марджытæ. Фидынц сæ бонтæ фыдæй. Ацы æмдзæвгæйы ныхæстæ арф бахызтысты фæллойгæнæг адæмы зæрдæмæ æмæ сæ зарыдысты. Граждайнаг хæсты рæстæг революцион æмдзæвгæтæ фыстой Барахъты Гино, Гулуты Андрей, Малиты Георгий, Беджызаты Чермен æмæ иннæ поэттæ. Советон хицаудзинад бынтон куы æрфидар ис, уæд æппæт фадæттæ дæр арæзт æрцыди ирон литературæйы дарддæры рæзтæн. Кæд Октябры революцийы агъоммæ ирон тæккæ зынгæдæр фысджытæн дæр сæ бон нæ бацис сæ уацмыстæ хицæн чиныгæй рауадзын, уæд 20-æм азты уыцы фысджытæн сæ уацмыстæ мыхуыры рацыдысты хицæн чингуытæй - Коцойты Арсены, Гулуты Андрейы, Барахъты Гинойы, Къубалты Алыксандры, Нигеры, Хъамбердиаты Мысосты æмæ Фæрнион Къостайы уацмысты æмбырдтæ. Уыцы рæстæг цæуын байдыдтой крон æвзагмæ тæлмацгонд уацмыстæ дæр. Коммунистон партийы Центроп Комитет 1925 азы 18-æм июлы цы уынаффæ рахаста аивадон литературæйы мидæг партийы политикæйы тыххæй, зæгъгæ, уым сæрмагонд пункт 66
уыди - тынг цæст дарын кæй хъæуы Цæдисон республикæты æмæ облæстон нациты литературæты рæзтмæ. Уыцы уынаффæйы раст амынд дыдысты советон литературæйы рæзты фæндæгтæ æмæ тынг фæахъаз ис æппæт адæмты, уыдонимæ ирон адæмы литературæйы рæзты хъуыддагæн дæр. 1925-1930 азты ирон литературæмæ æрбацыди æвзонг фысджыты фæлтæр - курдиатджын поэттæ æмæ прозаиктæ: Хъамбердиаты Мысост, Хъуылаты Созырыхъо, Фæрнион Къоста, Боциты Барон, Мамсыраты Дæбе, Дзесты Куыдзæг, Дзанайты Сергей, Плиты Харитон, Епхиты Тæтæри, Хъайтыхъты Геор, Хуытъинаты Цыппу, Бесаты Тазе, Плиты Грис, Хъазыбегты Хъазыбег, æмæ æндæртæ. Уыдон æрбахастой ирон литературæмæ ног хъуыдытæ æмæ ног мотивтæ, ног обрæзтæ æмæ ног ахорæнтæ, æмткæй зæгъгæйæ, - ног дуджы улæфт. 1924-1926 азты фæзынди зарджытæ пионертæ æмæ скъоладзауты тыххæй, пролетарты стыр фæтæг Ленины æмæ Коммунистон иартийытыххæй, фæскомцæдис æмæ революцийы хъæбатырты тыххæй. Ацы темагтыл арæхдæр фыстой Барахъты Гино, Багъæраты Созыр, Фæрнион Къоста, Беджызты Чермен æмæ æндæртæ. Фæлæ ссæдзæм азты поэзийыл дзургæйæ, фыццагдæр зæгъын хъæуы Хъамбердиаты Мысосты поэзийыл. Уый уыцы рæстæджы уыдис нæ литературæйы рæзты æнæхъæи къæпхæн. Мысост уыдис ног дуджы хъæлæс, ног советон дуджы цин æмæ ныфс уыдысты йæ зарджыты сæйраг мотивтæ. йæ æмдзæвгæтæн сæ хъуыдытау ног уыдысты сæ арæзт æмæ сæ ахорæнтæ дæр, сæ интонаци. Мысост хорз æмбæрста, ног дуджы поэты раз цы хæстæ лæууыдис, уыдон. Зæронд поэтты фæзмын йæ хæс нæ хуыдта. Уыцы хъуыды хорз æвдисы «Певцу», зæгъгæ, Къостайы номыл уырыссагау цы æмдзæвгæ ныффыста, уым. Не спетое тобою, Быть может, я спою. Мысост æвзонг фæсивæдæн саккаг кодта хуыздæр хайæн йæ фæндыр - йæ зæрдæйы рай. 67
Октябры революцийы обрæз, цард, бындуронæй чи фен- дæрхуызæн кодта, уыцы революцийы хъæбатыртæ. Коммуни- стон партийы обрæз, граждайнаг хæсты цаутæ ирон литера- турæйы 20-æм азты ахстой зынгæ бынат. Ахæм темæтыл фыст сты Коцойты Арсены радзырдтæ «Æнхъæл нæ уыдысты» æмæ «Фембæлдысты», Хъуылаты Созырыхъойы радзырдтæ: «Æр- тындæсæй иумæ», «Иудзонгон» æмæ æндæртæ; Беджызаты Чер- мены радзырд: «Ссыгъди цард» æмæ йæ пьесæ «Октябры ты- рысаимæ»; Дзæсохты Васойы радзырд «Натæ» æмæ æндæртæ; Плиты Харитоны поэмæ «Сæлимæт», Фæрнионы кадцжытæ: «Тохы хъæр» æмæ «Æнæном кадæг». Сæ бирæ лирикон æмдзæвгæты ирон поэттæ равдыстой сæ ахсджиаг хъуыдытæ Октябры революцийы, Ленины æмæ Коммунистон партийы тыххæй. Фæллойы процессы тыххæй, уæлдайдæр 20-æм азты кæрон æмæ 30-æм азты фылдæр фыстой Епхиты Тæтæри («Поэмæ «Слесыр Михал», æмдзæвгæтæ: «Мæ бырау», «Зырн» æмæ æндæртæ); Дзесты Куыдзæг (радзырд «Диссаджы куырой»); Бæдоаты Хъазыбег (очерк «Къæдзæх фæркгай хауы», «Бæрæ- зеджын»). Кæд 20-æм азты ирон советон лнтературæ бирæ фæхъæздыг- дæр, фысджыты рæнхъытæ зынгæ фæфылдæр сты, уæддæр ма дзы уыдис бирæ хъуагдзинæдтæ: литературæ цардимæ фаг баст нæма уыди, уæды рæстæджы царды цаутæ, уæлдайдæр адæм, со- циализмы аразджыгы обрæзтæ фаг æвдыст нæма уыдысты. Ног советон адæймаджы обрæз æвдыст цыди уæлæнгай, йæ психоло- ги арф æргомгонд нæ цыди. Ирон зынгæдæр прозаик Коцойты Арсен уыцы рæстæджы фылдæр фыста ивгъуыд цардæй баззайгæ æгъдæутты фыдæхты тыххæй, зыгъуыммæ зондыл хæст чи уыди, ахæм адæймæгты тыххæй («Декрет», «Бимболы карьерæ», «Гæдыйы къах цыбыр у», «Æнæхъус Карум» æмæ æндæртæ). Фыссæг йæ хъус тынгдæр дардта æмæ йæ уацмысты æвдыста, царды къуылымпыйы хос чи уыди, ахæм цаутæ. Æрмæст «Æнхъæл нæ уыдысты», зæгъгæ, уыцы радзырды бафæлвæрдта ахуыргæнæджы фæзминаг обрæз 68
саразын. Æхсæнадон куысты активонæй чи бацыди, ахæм советон сылгоймаджы царды уаг равдисын та йæ бон нæ баци, уый нæ, фæлæ ма йæ равдыста зыгъуыммæтæ кондæй. Æхсæнадон куысты активонæй чи бацъади, ахæм сылгоймаджы обрæз хорз равдыста Мамсыраты Дæбе йæ радзырд. «Фыццаг къахдзæф», зæгъгæ, уым. Фæлæ уыцы рæстæджы, æмткæй райсгæйæ, æвдыст нæма æрцыди фæзминаг обрæз, нæма фæзынди иронау повесттæ æмæ романтæ. Æртынæм азы ирон адæмы царды æрцыди стыр ивдцзинæдтæ. Цæгат Ирыстон ссис Советон Социалистон Автономон Республикæ. Хъæууон хæдзарад æвæрд æрцыди социалистон бындурыл. Ирон адæмы социалистон культурæ тынг стыхджын, сырæзтысты алыхуызы национ кадртæ - ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, инженертæ, партион æмæ советон кусджытæ. Æппæт Советон Цæдисы адæмты литературæтæн, уьщонимæ ирон адæмы литературæйæн дæр, сæ дарддæры рæзтæн ахсджиаг мæцъис уыдис Коммунистон партийы ЦК-йы 1932 азы 23 апрелы рахаст уынаффæ - Æппæт Уæрæсейы пролетарон фысджыты ассоциаци æмæ иннæ литературон къордтæ сликвидаци кæныны æмæ советон фысджытæн иу цæдис саразыны тыххæй. Ацы уынаффæйы бындурыл 1932 азы Цæгат Ирыстоны Обком сæрмагонд уынаффæ рахаста. Цæгат Ирыстоны пролетарон фысджыты ассоциаци сликвидаци кæныны тыххæй æмæ арæзт æрцыди Оргкомитет Ирыстоны фысджытæн иу цæдис саразыны тыххæй. Советон адæмы литературæты рæзтæн тынг феххуыс Æппæт Уæрæсейы советон фысджыты цæдисы фыццаг съезд (авгусг, 1934 аз). Уым бæрæггонд æрцыдысты советон литературæйы рæзты фæндæгтæ, социалистон реалиэмы методы принциптæ, фысджытæ дихгонд нал цыдысты «пролетаронтыл», «зæхкусæгонтыл» æмæ «æмдзугæнджытыл». Иуварсгонд æрцыди æнæпринципон лыстæг къордты тох. 1934 азы цæуын байдыдта ног æрвылмæйон аивадон журнал «Мах дуг» - (Цæгат Ирыстоны фысджыты оргæн). Уый фæстæ та, 1935 азæй фæстæмæ, цæуын райдыдта сывæллæтты журнал «Пионер». 69
Æртынæм азты райдайæны цыбыр рæстæгмæ цыдис æндæр ирон журналтæ дæр («Литературæйы хъазуатон», «Абон»). Сталиниры цыдис журнал «Фидиуæг». 1927 азæй фæстæмæ) стæй 1931-1932 азты литературон газет «Большевикон аивад». Уыцы периодикон мыхуырон оргæнтæ æвдыстой ирон литературæйы тыхджын змæлд. Æртынæм азты райдайæны (1931-1933 азты) Орджоникидзе- йы æмæ Сталиниры рацыди иу ссæдз хицæн чиныджы - ирон фысджыты уацмысты æмбырдтæ. Уыдонимæ - Хъайтыхъты Георы, Хуытъинаты Цыппуйы, Фæрнион Къостайы, Плиты Харитоны, Епхиты Тæтæрийы, Плиты Грисы, Бесаты Тазейы, Хъазыбегты Хъазыбеджы, Хъороты Хъазыбеджы æмæ æндæрты æмдзæвгæты чингуытæ; Хъуылаты Созырыхъойы, Дзесты Куыдзæджы, Коцойты Арсены æмæ æндæрты радзырдтæ. Фæлæ ирон советон фысджыты рæнхъытæ фылдæр кæй кодтой æмæ сæ чингуытæ арæхдæр кæй цыдысты, канд уый нæ бæрæг кодта нæ литературæйы рæзт. Ирон фысджытæ сæ аивадон дæсныйад бæрзонддæр кодтой, арæхстджындæрæй æвдыстой царды æцæгдзинад, арæзтой ног обрæзтæ. Ирон æвзагыл фæзынди повесттæ æмæ романтæ - Гæдиаты Цомахъы повесть «Фыдæлты намыс», Фæрнион Къостайы роман «Уады уынæр», Боциты Бароны роман «Саст рæхыс», Беджызаты Чермены повесть «Бирæгътæ», Коцойты Арсены повесть «Джанаспи», Мамсыраты Дæбейы роман «Уæззау операци», Цоциты Резойы «Бæллиц». Ацы уацмысты фæзынд æвдыста ирон советон прозæйы рæзт. Ирон прозаиктæ, сæ фыссыны дæсныдзинад фæбæрзонддæр кæнгæйæ, архайдтой царды цаутæ арфдæр æмæ бæстондæр равдисыныл; сæ уацмысты архайджыты обрæзтæ æххæстдæрæй сныв кæныныл, обрæзты характертæ саразыныл. Кæй ранымадтам, уыцы уацмыстæ æмхуызон не сты сæ идейон арфдзинадмæ гæсгæ дæр æмæ сæ аивадон фæлгонцмæ гæсгæ дæр. Сæ иуты æвдыст цæуы ивгъуыд царды нывтæ, иннæтæ та æвдисынц сæ рæстæджы цард, сæ размæ æвæрынц актуалон хæстæ. 1 Фæрнион тынгдæр зындгонд уыди йæ поэтикон уацмыстæй. Фæлæ «Уады уынæры» йæхи равдыста дæсны прозаикæй, йæ 70
роман у æнцон кæсæн, кæсын æй куы райдайай, уæд æй нал ныууадздзынæ æнæ кæронмæ ахæццæ кæнгæ. Фæлæ роман æххæст фæуд нæу, йæ рæстæджы мыхуыргонд æрцыди йæ фыццаг хæй, дыккаг хайæ мыхуыры фæзынди æрмæст хицæн сæргондтæ. Фæрнионы романы архайд цæуы 1900-1914 азты. Романы æвдыст нæуы Ирыстоны фæсвæддæр хъæутæй иуы цард, йæ идейон бындур у фæллойгæнæг адæмы тох бынæттон хъæздгуыты æмæ паддзахы чиновникты ныхмæ. Романы сæйраг архайæг - хъæбатыр æмæ сæрыстыр Цæрай, йæ хъæуы цæрæн кæмæн нал уыди æмæ абырæг чи алыгъди, ахæм адæймаг. Цæрай сыстад экономикон æмæ политикон æфхæрды ныхмæ, йæ бон цас у, уый бæрц маст кæны адæмы æфхæрджытæн, архайы сæрибар ссарыныл, фæлæ йæм фæндаг нæма зоны. Фæстагмæ Цæрай бахаудта фыццаг нмпериалистон хæстмæ, хъазуатæй тох кæны немыцы æфсæдты ныхмæ, фæлæ фæстæмæ цы зондахастимæ раздæхдзæни хæстæй, уый бæрæг нæу. Романы хорз æвдыст цæуынц хъал æмæ уæздан Хъарадзаутæ. Боциты Барон йæ романы æвдисы æндæр рæстæг, ам архайд цæуы революцийы хæдгъоммæйы азты. Романы герой Цæлыккæн йæ бирæ зынтæ æмæ æфхæрдтытæ фæстейы аззадысты, уый уæлахизæй æрбацыди ног сæрибар дугмæ æмæ йын байгом сты ахуыры фæндæгтæ, стыр царды дуæрттæ. Гæдиаты Цомахъ йæ уацмысы равзæрста 1929-1930 азты ахсджиаг цаутæ — коллективизацийы райдайæны рæстæг. Цомахъы уацмыс «Фыдæлты намыс»-ы ахадындзинад бæрæг кæны уымæй, æмæ авторæн кæй бантысти царды нывтæ се ’цæг хуызы раст равдисын. Фыссæг равдыста йæ геройты зæрдахаст, сæ дызæрдыгдзинæдтæ. Ирон литературæйы фыццаг хатт ацы уацмысы æвдыст цæуынц, разамонæг коммунистты обрæзтæ. Беджызаты Чермены «Бирæгътæ» æмæ Цомахъы «Фыдæлты намыс»-ы фæрсæй-фæрстæм куы æрæвæрæм, уæд зæгъдзыстæм сæ дыууæйы дæр кълассон тох раст æвдыст цæуы, зæгъгæ. Фæлæ Чермен йæ хъус фаг нæ дары, обрæзы характерон аивадон деталтæм. Цомахъ бинонты ахастдзинæдтæм цас тынгдæр дары 71
йæ хъус, уый бæрц сæ Чермен та цух уадзы. Чермен фылдæр йæ хъус дары æмтгæй кълассон тохмæ, арф нæ кæсы йæ геройты зæрдæтæм æмæ уый лæмæгъ кæны повесты ахадындзинад. Мамсыраты Дæбе «Уæззау операци»-йы фыссынмæ куы бавнæлдта, уый размæ ныффыста бирæ радзырдтæ, йæхи равдыста дæсны прозаикæй, коллективизацийы тыххæй дæр ныффыста цалдæр радзырды, уыдонимæ «Цыт» дæр. Ирон советон литературæйы фæзминаг обрæзтæ аразынмæ фыццагдæр чи бавнæлдта, уыдонæй иу у Мамсыраты Дæбе. «Уæззау операци» у коллективизацийы тыххæй цы уацмыстæ ис нæ литературæйы, уыдонæн сæ хуыздæртыл нымад. Дæбе йæ романы аив обрæзты æмæ нывты бæстон равдыста Коммунистон партийы разамонæг æмæ уæлахизгæнæг тых. Романы æвдыст цæуы зæхкусджыты зондахасты рæзт, сæ политикон æмæ культурон активондзинад. Зауырбег æмæ иннæ фæзминаг обрæзтæ тохы рæзынц, бæрæг кæнынц сæ хъæндзинæдтæ дæр. Социалистон реализмы методыл дзургæйæ, уыцы метод куыд фидар кодта ирон литературæйы, уый бæрæг гæнгæйæ æнæмæнг ныхас цæудзæни Хъуылаты Созырыхъойы. Дзесты Куыдзæджы, Беджызаты Чермены, Коцойты Арсены хуыздæр уацмыстыл, æмæ уыдоны æмрæнхъ зынгæ бынат ахсдзысты Мамсыраты Дæбейы уацмыстæ, фыццагдæр та «Уæззау операци». Æртынæм азты бирæ фæбæрзонддæр ис Коцойты Арсены фыссæджы арæхстдзинад. «Джанаспи» у Арсены хуыздæр уацмыстæй иу. Арсен фыццагдæр дæсны уыди обрæзы характер аразынмæ, фæлæ йын уыцы хъуыддаг уæлдай тынгдæр бантысти «Джанаспийы». Обрæзты характертæ куыд бындурон арæзт сты, уый нымайгæйæ, æртынæм азты ирон литературæйы «Джанаспи»-йы фарсмæ æндæр уацмыс æрæвæрæн нæй. Æртынæм азты прозæйыл дзургæйæ, уый зæгъын хъæуы æмæ нæ прозаиктæ бирæ хуыздæр арæхсын кæй райдыдтой уацмыстæ фыссынмæ, обрæзтæ æмæ характертæ аразынмæ. Ирон сылгоймаджы обрæз бирæ радзырдты æвдыст æрцыди, фæлæ ирон хæххон сылгоймаг куыд рæзыди, æфхæрд саби чызг разамонæг сылгоймаг куыд ссис, уый стыр аивæй равдыста Беджызаты Чермен «Æртæ фæкасты», зæгъгæ, йæ радзырды. 72
Æртынæм азты ирон советон поэзи дæр размæ акъахдзæф кодта. Поэтты рæнхъытæм æрбацыдысты æрыгон курдиатджын поэттæ - Хозиты Яков, Дарчиты Дауыт, Гаглойты Федыр, Дзугаты Георги, Балаты Тембол, Шаулохты Мухтар, Мыртазты Барис, сылгоймаг поэттæ Саукуыйты Софья æмæ Нига (Галуанты Нина). Уыдон поэзимæ бахастой бирæ хорз уацмыстæ, ног поэтикон обрæзтæ æмæ нывтæ. Ирон поэтты хистæр фæлтæр - Гулуты Андрей, Нигер, Малиты Георги активондæрæй кусын райдыдтой, сæ уацмысты тематикæ фæцис актуалондæр, сæхи æнгомдæр сбастой цардимæ. Нæ поэзи йæ рæзты фæндагыл ног къæпхæнмæ кæй схызти, уый æвдисæг уыдысты поэмæтæ: «Гыцци», «Æндæр Хъуыбады» æмæ «Терчы цур» (Нигер). «Дыууæ зæрдæйы» (Епхиты Тæтæри), «Тох» (Гулуты Андрей); Плиты Грисы, Хъайтыхъты Георы, Боциты Бароны, Хуытъинаты Цыппуйы, Гæззаты Сосланы, Хозиты Яковы, Дзугаты Георгийы æмæ æндæр поэтты бирæ æмдзæвгæтæ. Нигеры талант тынг рапарахат æртынæм азты. Стыр ахадгæджын хъуыдытæ поэтикон рæсугъд дарæсы - ахæм миниуæг хицæн кодта Нигеры æмдзæвгæты. Нигеры- сфæлдыстад 20-æм азты бирæ рæстæг баст уыди ивгъуыд цардимæ. Иæ зæрдæйы стыр уарзондзинад æмæ йæ поэтикон курдиат лæвæрдта, йæ чысылæй кæй федта, уыцы хæххон мæгуыртæн æмæ сидзæртæн («Дæу цы домы»... «Мæгуыры мæлæт» æмæ æндæртæ), ног царды улæфт йе сфæлдыстады фаг нæма ахъардта. Фæлæ Нигер æртынæм азты райдианы рацыди зæронд царды обрæзты дунейæ ног эрæйы обрæзты дунемæ («Хидыл», «Ног эрæ» æмæ æндæртæ). «Нæ тæрсын æз», зæгъгæ, уыцы философон æмдзæвгæйы поэт йæ ахсджиаг хъуыдытæ æргом кæны: Нсе дæн, нæ дæн, зæронд Ир, æз дæ зарæг. Æрцу, о, нæуæг Ир! Уæрæх мæнæн мæриу, парахат риуы зæрдæ, Æрцу æмæ йæ цъир! Æрцу æмæ йæ цъир — Æз байтыгътон мæ тæрттæ! 73
Æмæ уый фæстæ «Уадз хъуысæд мæ зарæг», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы фыста: Кæнын æз мæ кадæг Мæ бæстæ, дæ кадæн; Кæнын æз мæ зарæг, Мæ бæстæ, дæрадæн. Зынгæ уацмыстыл банымайæн ис Епхиты Тæтæрийы поэмæ «Дыууæ зæрдæйы». Поэмæйы поэт æвдисы, советон колхозон фæсивæд æнувыдæй коллективон куысти бацæугæйæ куыд рæзыд æмæ йæ зондахаст куыд ивта, уый. Советон патриотизй хорз æвдыст цæуы Тæтæрийы иннæ поэмæ «Æнæном обау»-ы. Æртынæм азты зынгæ сырæзти ирон драматурги дæр. Драматургийы рæзтæн стыр ахъаз уыди Орджоникидзейы æмæ Сталиниры профессионалон театртæ кæй фæзынди, уый. Ирон театры æвдыст æрцыдысты: Беджызаты Чермены пьесæ «Чи кæй?», Хъуысаты Хъасболаты «Зæхх» æмæ «Адæмы зарæг», Боциты Бароны æмæ Плиты Грисы драмæ «Цардмæ», Саулохты Мухтъары «Фиййæуты уæтæр», Мамсыраты Дæбейы «Номылусы цот», Епхиты Тæтæри æмæ Дзанайты Иваны пьесæ «Къоста». Курдиатджын драматургæй йæхи равдыста Джимиты Георги. Йæ пьесæ «Чындзæхсæв» æмæ «Ног чындз» стыр æнтыстджынæй æвдыст цыдысты ирон театры. Сывæллæттæн уацмыстæ фыстой Мамсыраты Даабе, Пли- ты Харитон, Баситы Мысост, Бесаты Тазе. Фæстаг азты ацы фысджытæй уæлдай сывæллæттæн фыссынц Дзесты Куыдзæг, Дзугаты Георги, Брытъиаты Созырыхъо æмæ æрыгон поэттæ Уырымты Петя æмæ Цæрукъаты Валодя. Зын ранымайæн, сты æртынæм азты фыст чи æрцыди, уыцы уацмыстæ се ’гас, уыдонæн сæ хорз миниуджытæ æмæ сахъæттæ бæстон равзарынæн фадат нæй. Мах загътам, æмткæй нæ литературæ кæй сырæзыди, æрмæст уый тыххæй, æмæ уый дызæрдыггаг нæу. Фæлæ уыцы æнтыстытимæ нæ литературæйы уыдис хъуагдзинæдтæ дæр - кæд колхозон арæзтады фæдыл бирæ уацмыстæ фыст æрцыди, уыдонимæ зынгæ уацмыстæ 74
дæр, уæд уый зæгъæн нæй промышленнон кусджыты цард равдисыны тыххæй. Промышленносты кусджыты гыххæй хæрз чысыл æрцыди фыст радзырдтæ. поэмæтæ æмæ очерктæ. Æмæ хъыгаг у, абон дæр ма кусджыты царды тыххæй стыр уацмыстæ - повесттæ æмæ романтæ - фыст кæй нæма ис, уый. Хæсты рæстæджы æппæт советон литературæ дæр схызти ног къæпхæнмæ, аивта йæ характер, йæ тематикæ. Советон адæмы хъæбатырдзинад æмæ æфсæддонты карз тох систы советон фысджыты сæйрагтемæтæ. Уыцы миниуджытæ æмткæй хауынц ирон советон литературæмæ дæр. Ирон фысджытæй сæ уæлæ скодтой æфсæдцон цинелтæ æмæ ацыдысты хæцæг æфсады рæнхъытæм - Плиты Грис, Хъайты- хъты Геор, Дарчиты Дауыт, Дзадтиаты Тотырбег, Цæгæраты Максим, Мыртазты Барис, Гаглойты Федыр, Хъазыбегты Хъазыбег, Асаты Реуаз, Дзугаты Георги æмæ æндæртæ. Ирон æрыгон фысджытæй цалдæр сæ цард радтой хæсты быдыры Райгуырæн бæсты сæраппонд (Елехъоты М., Калоты X., Хуадонты И., Кочысаты М. æмæ æндæртæ). Фронты чи уыди, уыцы фысджытæ дæр æмæ фæсфронты чи уыдис, уыцы фысджытæ дæр фыстой уацмыстæ, сæ уацмыстæй æххуыс кодтой советон адæмæн, цæмæй тагъддæр фæуæлахиз уыдаиккой фашистон лæбурджытыл. Боциты Барон хæсты рæстæджы ныффыста бирæ æмдзæвгæ- тæ æмæ кадджытæ «Партизан Бибо» æмæ «Хъæбатыр Хадзымырзæ». Райгуырæн бæстæ уарзын, советон патриотизм арф æнхъæвзта Бароны уацмысты тугдадзинты. Бибойы обрæз («Партизан Бибо») у советон фæллойгæнæг адæмы маст æвдисæг адæймаг. Советон дуджы Бибо бамбæрста сæрибардзинад, йæ зæронд зæрдæ буц уыди сæрибар хуры хъармæй. Фæлæ мæнæ фашистæ фæзындысты æмæ сæ къæхты бын ассæндынмæ хъавынц Бибойы сæрибардзинад, раппæрстой йын йæ рынчын усы йæ уатæй кæртмæ, хъавынц ын йæ уарзон чызджы фæчъизи кæнынмæ. Нæ, нæ ныббардзæни Бибо уыцы æнаккаг митæ фашисттæн. Фæлтау кад æмæ радимæ мæлæт. Бибо ацыди партизанты къордмæ. Уый баппæрста бомбæ йæхи хæдзармæ, немыцаг афицертæ минас кæм кодтой æмæ йын йæ чызгæй кæм 75
хынджылæг кодтой, уырдæм. Афтæ сныв кодта поэт Бибойы обрæз. Хæсты рæстæджы ирон поэттæ, æппæт советон адæмау, сæ рæттæ æрбалвæстой, сæ хъуыдытæ æрбамбырд кодтой, знаджы ныхмæ сæ пъеротæ фæцыргъдæр кодтой. Ног миниуджытæ гуырди се сфæлдыстады, агуырдтой ног ахорæнтæ, ног барæнтæ. Нæ хистæр поэттæй иу Гулуты Андрей уырыссагау йæ иу æмдзæвгæйы фыста: Звени, моя песня, сильнее Иправдой высокой своей На битву с коварным злодеем Зови ты советских людей. («Моя песня»). Хæсты рæстæджы Нигер сарæзта ног обрæзтæ. Райгуырæн бæстæ уарзын æмæ уый сæраппонд цард раттын - уый у, «Сырхæфсæддон дзурдзæн», зæгъгæ, уыцы уацмысы идейæ. Сæрибардзинад æмæ соииалистон райгуырæн бæстæн кæрæдзийæ фæхицæн кæнæн нæй. Нигеры поэмæйы герой («Сырхæфсæддон дзурдзæн») цæйнæфæлтау цагъайраг суа, йæ райгуырæн бæстæ йын исчи йæ цъыф къæхтæй нæма, уый бæсты йæхицæн сæрибарæй мæлæт саккаг кодта хъазуат тохы. Райгуырæн бæсты сæраппонд уымæ мæлын дæр зын нæ касти. Ахæм патриотизмы мотивтæ мах уынæм нæ иннæ поэтты уацмысты дæр. Уыцы хъуыды хорз æвдисы Хъайтыхъты Геор: Мæ бæстæн кусын - нæй мæнæн фæллайæн, — Нæ вæййын хьаджджын ныфс æмæ тыхæй. Мæлæт дæр æз мæ амондыл нымайын, Уыйуæд æрмæстдæр адæмы тыххæй. («Адæмæн») Хъайтыхъты Геор ныффыста бирæ æмдзæвгæтæ советон адæмы хъæбатырдзинады æмæ адæмты хæлардзинады тыххæй. Плиты Грис Фыдыбæсты Стыр хæсты рæстæджы ныффыста иукъорд зынгæ уацмысы, уый сарæзта хъæбатыр салдаты обрæз. Кæд арæх мæлæты цæстытæм комкоммæ фæкæсы, уæддæр 76
мæлæт нæ фæтæрсын кæны Грисы салдаты. Йæ райгуырæн бæстæмæ цы уарзондзинад дары. уый йын тых дæтты æмæ абырсы мæлæты тасдзинад. Ахæм æмдзæвгæтæ сты «Хæцæны», «Разведкæ», «Салдат» æмæ æндæртæ. «Уæлахизы кадæг» зæгъгæ, уыцы кадæджы Грис сныв кодта, йæ райгуырæн бæстæ йæ удæй фылдæр чи уарзы, ахæм адæймаджы обрæз. Советон разветчикты хъæбатырдзинады тыххæй фыста Хъазыбегта Хъазыбег йе ’фсæдцон æмдзæвгæты. Советон æфсæддонты хъæбатырдзинады æмæ патриотизмы мотивтæ стыр бынат ахсынц Дзугаты Георгийы, Плиты Харитоны, Мыртазты Барисы, Асаты Реуазы лирикæйы. Джусойты Нафийы лирикон герой куы федта, знæгтæ йын йæ фыды зæхх æрцытæй куыд хуынчъытæ кодтой, уый, уæд йæ дзыхæй сирвæзт: ...О, уый бæсты мæриуæй Куы стониккой мæ сонт зæрдæ мæнæн. Мæ Иры зæхх!.. Дæ туджы ’ртахтæй иу дæр Æнæрайсгæ нæ ныууадздзыстæм, нæ! Адæмы маст бæлвырд хуызты æвдыст цæуы иуæй-иу æмдзæвгæты. Знæгтæм адæмы зæрдæйы цы мастдзинад равзæрди, уый поэт Цæрукъаты Алыксандр æвдисы ахæм аивадон барæнтæй: Адæмы маст - карздæр хурæй, Зæххæй та уæззаудæр; Ухъæбæрдæр уираг дурæй, Сабыр фурдæй - арфдæр. («Адæмы маст»). Йæ райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнгæйæ чи фæмарди, уыцы хъæбатыр æфсæддон йе’мбæлтты зæрдæйæ нæ рох кæиы æмæ сын ныфс дæтты, хоны сæ тохмæ. Уыцы хъуыды дзæбæх æргомгонд цæуы Дарчиты Дауыты лирикон æмдзæвгæйы «Уыдтон æй мæ фæрсмæ». Афсæддонæн тохы бырсгæйæ йе’мбал æрхаудта знаджы нæмыгæй: Йæрæзты махразмæ цыдыстæм тызмæгæй, Кæй фæмарди не ’мбал, бæлвырд æй зыдтон, 11
Фæлсе йын нæ тохы хъæбатыр хæцæгæй Мæ фарсмæ йæ сурæт æдзухæй уыдтон. Æфсæдцонты æнусон хæлардзинад хорз равдыста Гафез. Мæлæг æфсæдцон йе ’мбалæн зæрдылдарынæн радта йæ сахат. Ирон æфсæддонæй нæ рох кæны йæ уырыссаг хæлары лæвар: Йæ сахат ис мæ риуыдзыппы ’вæрд, Мæ зæрдæимæ иу риуыгъдæй кусы. Зыны мæм} цыма иухаттау ныр дæр, Æмбалы дзырд, æрдхорды улæфт хъусын. («Сахат») Советон адæм кæй фæуæлахиз уыдзысты æмæ фæстæмæ сабыр цардмæ, фæллой кæнынмæ кæй раздæхдзысты, уыцы хъуыцы, уыцы идейæ ис бирæ поэтикон уацмысты бындуры æвæрд. Уыцы хъуыды æнхъизы Епхиты Тæтæрийы зындгонд балладæ «Цы мын дзырдта тулдз бæлас», зæгъгæ, уый тугдадзинты, уыцы хъуьщы ирдæй зыны Дзугаты Георгийы æмдзæвгæ «Хæцæ нæй», зæгъгæ, уым. Уый зыны Плиты Харитоны лирикон æмдзæвгæты, нæ поэтты бирæ уацмысты, æмæ уый у хæсты рæстæджы поэзийы миниуджытæй иу. Фыдыбæсты хæсты рæстæджы прозæ æмæ драматурги поэзийы хуызæн тыхджын нæ уыдысты. Прозаикон уацмыстæ фыстой Дзадтиаты Тотырбег, Мамсыраты Дæбе, Коцойты Арсен, Цæгæраты Максим æмæ æндæртæ. Тотырбег бирæ статьятæ æмæ очерктæ фыста æфсæддон газетты. Æфсæддон газетты фыстой Хъазыбегты Хъазыбег, Плиты Грис, Гаглойты Никъала æмæ æндæр ирон фысджытæ. Прозæйы дæр, иннæ жанртау, сæйраг мотив уыди советон адæмы хъæбатыр тох знаджы иыхмæ, советон патриотизм æвдисын. «Ироны намыс»-ы Дзадтиаты Тотырбег равдыста хъæбатыр командир Цæллагты Бетъайы æнæрохгæнгæ обрæз. «Иу чызджы тыххæй», зæгъгæ, йын уыцы радзырды бантысти ирон чызг-дохтыры обрæз саразын. Цæгат Ирыстоны рæстæгмæ оккупацигонд цы районтæ уыдысты, уым гитлеронтæ цы фыдмитæ кодтой, уый æвдыст цæуы хииæн очеркты (Джимиты Георги - «Чабæхан», Брытъиа- 78
ты С. - «Туг-тугмæ», Дзанайты Иван æмæ Цуциты Барис «Нæй ныббарæн», Бесаты Тазейы, Цоциты Резойы, Туаты Дауиты очеркты. «Адæмы маст», зæгъгæ, йæ иу радзырды Мамсыраты Дæбе сарæзта фашистон лæбурджыты ныхмæ тыхджын тохгæнæджы обрæз. Фыдыбæстæйы хæсты рæстæджы ирон театры сценæйы фæзынди бирæ пьесæтæ. Уыцы пьесæтæн сæ хуыздæртæй иу уыди Джимиты Георгийы драмæ «Сау мигъ». Ирон фæллойгæнæг адæмы патриотизм, советон адæмты хæлардзинад сты драмæйы идейон æмæ эстетикон бындур. Драмæйы сæйраг геройы, Дзамболаты обрæз нæ литературæйы бацахста зынгæ бынат. Туаты Дауит фыссын райдыдта Фьщыбæстæйы хæсты тæккæ размæ. Ирон театры репертуары Туаты Дауиты драмæтæ бацахстой зынгæ бынат. «Сидзæргæс», «Зды». «Урс хохы бын», «Фатъимæт», «Аргъау» æмæ æндæр пьесæтæ æвæрд цыдысты ирон театры. Йæ хъæлдзæг юмор æмæ лиризмы, йæ адæмон мелодиты тыххæй пьесæ «Пæсæйы фæндон» адæмы зæрдæмæ афтæ фæцыди æмæ фынддæс азы бæрц æнæсцухæй æвдыст цæуы театры. Хæсты рæстæджы Цæгат Ирыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны театрты æвдыст цьщысты Саулохты Мухтары, Мамсыраты Дæбейы, Хъуысаты Хъасболаты драмæтæ. Фыдыбæстæйы хæст куы фæцис, уæд ирон литературæйы фæзынди зынгæ прозаикон уацмыстæ хæстон темæтыл: Дзадтиаты Тотырбеджы уацмыстæ «Ироны намыс» æмæ «Два друга», Цæгæраты Максимы уацмыстæ «Хурныгуылæны», «Хурзæрин», æмæ æндæртæ. Прозаиктæ æмæ поэттæн фæбæрзонддæр ис сæ фыссыны дæсниад. Фыдыбæсты хæсты рæстæджы æмæ уый фæстæ ирон литературæмæ æрбацыди бирæ ног фысджытæ; Гæбуты Мелитъон, Хуыбецты Раисæ, Цæгæраты Гиго, Цырыхаты Михал, Гагиты Георги, Хъайттаты Сергей, æмæ æндæртæ. Фыдыбæсты хæсты фæстæ ирон литературæйы фæзынди романтæ: Мамсыраты Дæбейы роман «Хъæбатырты кадæг», Уруймæгты Езетханы «Царды размæ», Епхиты Тæтæрийы 79
«Размæ», Джиоты Давиды «Æнæбасæтгæ тых», Гаглойты Никъалайы «Уæхскæй-уæхскмæ». Дзадтиаты Тотырбег «Царды фæндагыл», Бекъойты Елиозы «Фатъимæт», Бесаты Тазейы «Ныфс», æмæ æндæртæ. Уыцы рæстæджы фæзындысты Хъайтыхъты Георы, Гафезы, Балаты Темболы, Дзугаты Георгийы ног поэмæтæ æмæ æмдзæвгæтæ. Драматургийы зынгæ бынат бацахстой Токаты Асæхы «Усгуртæ», Плиты Грисы «Чермен», Туаты Дауиты «Пæсæйы фæндон», Хуыбецты Раисæйы æмæ Хуыгаты Георгийы «Софиайы зарæг». Фæстаг азты ирон литературоведенийы куыст дæр базмæлыди. Уырыссагау æмæ иронау мыхуыры рацыдысты: проф. Семеновы куыст «Хетæгкаты Къоста уырыссаг культурæмæ цы цæстæй касти, уый тыххæй», Хæдарцаты А. «Ирон фæндыры тыххæй», Джусойты Нафийы монографитæ Къоста æмæ Секъайы тыххæй, Епхиты Тæтæрийы чиныг Коцойты Арсены цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, Мæрзойты Сергейы чиныг Нигеры сфæлдыстады тыххæй æмæ æндæртæ. Ацы аз Мæскуыйы уыдзæни ирон литературæйы æмæ аивады декадæ. Декадæмæ цæттæ кæнгæйæ Мæскуыйы рауагъдадты æмæ нæхи рауагьдады рацыди бирæ ног чингуытæ иронау æмæ уырыссагау, Декадæ уыдзæни нæ литературæйæн стыр экзамен, уым бæлвырд рабæрæг уыдзысты йе ’нтыстытæ дæр æмæ йæ хъæнтæ дæр. Ныр та уал уый зæгъæм æмæ нæ литературæ, æмткæй райсгæйæ, тынг кæй сырæзыди советон хицаудзинады рæстæг. Нæ Фысджыты цæдисы ис бирæ уæнгтæ, уыдон активонæй куы кусой, уæд сын бирæ бантысдзæн. Нæ ахсджиагдæр хæс уый мидæг ис, æмæ хъуамæ нæ фысджытæ сæ уацмысты æвдисой нæ цард, сныв кæной коммунизм аразджыты обрæзтæ, ныффыссой нæ дуджы аккаг чи уа, ахæм аивадон уацмыстæ 80
Дзугаты Б. НЫФСДЖЫН КЪАХДЗÆФ Сосавæндагæй куыдцæр хъæуы стыр уынгмæ фæзылдыстæм, афтæ машинæ цъыфы ныссагъд. Моторы гуыв-гуыв æмæ бндонты зылланг-мыллунгæй хъустæ амæр сты. Шофыр машинæ бирæ фæратæр батæр кодта разадæ фæстæмæ, фæлæ йæ бон куы базыдта, уæд æрæнцад. - Аргъæуттæ уал уæддæр акæнут, цалынмæ трактор исты зына, уæдмæ, - къæмдзæстыгæй нæм сдзырдта гуыффæмæ. - Мæ удыл мын æрхæцыдтæ, барухс мын кодтай мæ зæрдæ, - фелхыскъ æй кодта урсхалатджын сылгоймап - Мæ хъуццытæй мæн дзæгъæл дзæнгæдамæ æвдæлы, хæринаг сын фестай!.. - Уæууа, хорз ус, уый аххос куынæ у, цæмæн æй афтæ тынг æфхæрыс? - нал баурæдтам нæхи. - Исчи мын нæу, бахатыр кæнут, - фефсæрмы ус. - Йæхи æвзаджы конд ын куы зониккат. Фæлæ ныртæккæ бар æнæбары фæкъуымых æмæ дзы иу азы мæстытæ уæдцæр сисон. Йæ дунейыл хæрæг ифтындзын чи нæ базыдта, уыдон дæр æнæ машинæйыл сбадгæ нал лæууынд, - йæ цæстытæ та тыхтæ æмæ амæлттæй фæхъулон кæнтæйæ, сылгаймаг баздæхт шофырмæ. - Дæумæ хъазын цæуы, фæлæ адон сæхæдæг та сæ маст кæмæй райсой? - бадзырдта йæм йе ’мбал сылгоймаг. - Ацы уынгты машинæ атæрыны бæсты фæлтау, цы ласынмæ хъавыс, уый де ’ккойы фæхæсс. Æппын иу хъуыдыгæнæг куыннæ ис уынгтыл... - Нæ хъуыды кæнынц, о, - фæурæдта йæ иннæ. - Сæ хъуыдыгæнæнтæ каникулты сты, дæ зæрдæйæ? Æхца дзы хъæу ы, æхца, зонды чыссæ, æмæ кæм ис уый бæрц? - Ныууадз, стæ, уæртæ нæхи фермæ сæфтмæ куы цыд, уæддæр афтæ дзырдтай: «Ницы рауайдзæн нæ тухитæй, цалынмæ колхозы бирæ æхца уа, хорз хъуццытæ балхæна, уæдмæ». Гъы, æмæ цал азы рацыд, Маханджери нын хицау куы сси, уæдæй нырмæ? Бирæ схардз кодта колхоз фосы мыггаг фæхуыздæр 81 6
кæныныл? Алцæмæн дæр, мæ хур, уынаффæ кæнын хъæуы, уынаффæ... - Гъæй, дæ бонæй уай - уый Маханджери у, Маханджери! Маханджери... Маханджери - фермæйы хицау? Кæд æз цы Маханджерийы зонын, ныхас ууыл нæ цæуы? Мæ хъуыдытæ мæ фæцæйхастой дард кæдæмдæр, сылгоймаг та ногæй куынæ сдзырдтаид, уæд. - Æхца, дам. Уæдæ ма иннæ хъуыддæгтау хъæуты фæлгонцад колхозы пъланы уаид, цымæ йын æхца дæр не ссариккам. - Ус ныуулæфыд, йæ къух ауыгъта. - Гъеныр кæд æз дæр æдылы нæ дæн, уæд мæхи цæуыл фæллайын кæнын. Мæ сæр лыгмæ дæттын, ды йæ ныр дæр нæма бамбæрстай, абон нæ Маханджери æхсырисæн пунктмæ цæмæн рарвыста, уый. Ногæй та - Маханджери. Афæрсин сæ, кæцы Маханджери у, зæгъгæ, æмæ мæ худæджы бын куы фæкæной. Сæ ныхасмæ гæсгæ, уыцы лæг хъуыстгонд у. Ау, куыннæ йæ зоныс, зæгъгæ мæ куы афæрсой. Араст дæн фистæгæй правленимæ. Нæй, нал хизы сæрæй Маханджерийы ном. Фæстагмæ йын æрцахстон йæ мыггаг дæр: Бæдтиаты. Цæстытыл ауадысты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæйы газеттæ æмæ, раст цыма знон - æндæрæбон æрцыдысты уыцы цаутæ, афтæ ирдæй фегуырдысты сæры. ...Рагæй-æрæгмæ дæр-иу Ираны чысыл колхоз йæхицæн стыр ном скодта диссаджы тыллæгæй. Мæнæу æркæрдой - сæ сыхæгтæй бирæ бæркадджыадæр, гæн кæнæ харбыз - ноджы фылдæр. Нартхорып та дзурын дæр нæ хъæуы - Ираны колхозонтæ йын цыма йæ сæйрагдæр сусæгдзинад раргом кодтой æмæ йын йе ’взаг базыдтой, уыйау дæсны сысты йæ бакусынмæ. Сæ сыхаг колхозтæй сæ ничиуал æййæфта. Афтæмæй сыл цыдысты азтæ. Фæлæ иухатт, 1936 азы, Иранмæ хабар байхъуыст: Ставд-Дурты Суанты Зæруай æмæ Дауиаты Исламы зæронд лæгты звенотæ баййæфтой Ираны колхозы хуыздæр бæрæггæнæнтæ нартхоры тыллæгæй. Газетты арæхдæр фыссын райдыдтой уыцы дыууæ зæронд лæджы тыххæй, æдзух сын сæ куыстæй æппæлыдысты æмбырдты. 82
Цы гæнæн ма уыд: ирайнæгты минæвæрттæ æрцыдысты Ставд-Дуртæм, базонгæ сты Зæруай æмæ Исламимæ, федтой сын сæ куыст, сæ хуымтæ, фæныхас кодтой семæ. Ныртæккæ зын зæгъæн у, куыд рауад хъуыддаг, чи уыд амидингæнæг, фæлæ уыцы бон ссис Зæруай, Ислам æмæ Ираны колхозы Бæдтиаты Маханджерийы стахановон звеноты ерысы фыццаг бон. Уæдæй фæстæмæ-иу тауинаг равзæрынæй суанг хор бафснайыны онг ахæм куыст нæ уыд, æмæ ацы æртæ звенойы разамонджытæ кæрæдзи кæд нæ бабæрæг кодтой. Ахицæн фыццаг аз, банымадтой сæ фæллой, æмæ рабæрæг: æртæ звенойы дæр иу гектарæй нарткор бафстайдтой фæйнæ 50 центнеры. Афтæ рауад дыккаг аз дæр. Ирайнæгтæн нал æнтыст сæ сыхæгты разæй фæуын. Хардзау æркаст уыцы хъуыддаг Маханджеримæ. Дæс æмæ дыууиссæдз центнерыл ныссагъдысты иууылдæр, æмæ раздæр куы ничи асаячъех кæна, ног къæпхæнæй иннæтæм куы ничи æрдзура, уæд ма ерысы нысан та цы у, цземæ хъуамæ тырной, цæуыл тох кæной колхозонтæ? «Ехх-мардзæ, Иран, Иран та бæргæ стынг уаид, иу æртæ центнеры ма сыл афтау, уæд», - сагъæсы бафтыдта уыцы хъуыды Маханджерийы. Æмæ æцæг, Ираны кой ногæй айхъуыст, ацы хатт æрмæст Кировы районыл нæ, фæлæ æппæт Ирыстоныл дæр. Цæвиттон, уыцы заман агрономтæ алы колхозмæ кæм хаудта. Уæдæ районы агрономты дæр иу колхозы бирæ рæстæг æрбынат кæнынмæ не ’вдæлд. Дæ зæрды ног исты бакæныи ис - дæ хъару æмæ дæхæдæг, кус, фæлвар, баууæндын кæн адæмы, раст дæ, ууыл. - Куы ницы «сæнтауай», куы фæсыкк уа дæ хъуыддаг? - дзырдтой чидæртæ, Маханджери йæ фæнд куы раргом кодта тауыны агъоммæ, уæд. Раст цыма уыцы ныхæстæ йæ хъусы кæрæттыл дæр никуы андзæвыдысты, афтæ дардта йæхи Маханджери. Æмæ йæ æниу цы хъуыддаг ис уыдонимæ, мæнæ йæхи звенойы уæнгтæм йæ фæнд хорз каст, æндæр. Ныртæккæ ма чи нымайы нартхор квадратгай дзыгуыргай тауын ногдзинадыл - колхозты гæнæн кæм ис, уым æндæр 83
хуызы таугæ дæр нал кæнынц, фæлæ уыцы заман та квадратгай- дзыгуыргай тауынæн йæ кой дæр нæ уыд. Цымыдис бафтыд уыцы бон Ираны колхозонтыл. Бирæтæ дзы æрæмбырд Маханджерийы звенойы хуымы кæрон æмæ æнхъæлмæ кастысты. «Сызгъæрин айк æрæфтауыны æнхъæл хъæубæстæ йæ хъуыдатты бын чи фæкодта, уыцы карчы ми мыл ма æрцæуа», - æнæнхъæлæджы Маханджерийы сæры фегуырд хъуыды. Фæлæ йæ дызæрдыгдзинад ахаста, раст уыцы ныхæстæ хинымæр зæгъынæн цас рæстæг бахъуыд, уый бæрц. Звенойы уæнгтæй иутæ аивæзтой даргъ бæндæнтæ, иннæтæ та-иу алы метрырдыгæй метрырдæгмæ дæр цыргъ лæдзæгæй зæхх фæдзыхъхъау кодтой æмæ дзы æппæрстой æртыгай гагатæ. Колхозонтæ рагацау банымадтой: хуымтæ тæнæггонд куы æрцæуой, уæд ма гектары баззайдзæн 45 мин зæнджы. Кæмæдæрты хъазæгау фæкаст ахæм куыст. - Йæхи цæхæрадоны дæр хъæдындзы хуымтæ афтæ куы ничи садзы, уæд адон цы равдисынмæ хъавынц? - дзырдтой иуæй иутæ. Цы равдисынмæ хъавыдысты, уый та рабæрæг фæззæджы. Уæды онг Ирыстоны зæххыл нартхоры гектарæй æртындæс тоннæйы нику ы ничи æртыдта, стæй у ырнгæ дæр хъуамæ макæйы бакодтаид, адæймаджы бон зæххæй уыйас хъæздыгдзинад сисын у, уый. Мах афтæ зæгъынмæ нæ хъавæм, æмæ уыцы хъуыддаг æппæты разæй Маханджери йе ’мбæлттимæ бакодта. Афтæ æнхъæл не ’сты уыдон сæхæдæг дæр. Фæлæ нæм ныр ис квадратгай-дзыгуыргай тауæн машинæ æмæ, цымæ, уый уыдоны хуызæн цыргъзонд, цымыдис адæмы фæлтæрæнтæй нæ райгуырд? ...Ираны колхоз раджы баиу Змейкæйы Ленины номыл колкозимæ. Цымæ кæм ис ныр та Маханджери, цы хъуыддагыл хæст у, ацы сылгоймæгтæ уый кой кæной?.. * * * ...Цыдис иугонд колхозы правлени æмæ партион бюройы дыккаг æмбырд. Ныхас рауад колхозы 4-æм фермæйæн сæргъ- лæууæг снысан кæныны тыххæй. 84
- Уыцы фермæйæ нæм стырдæр нæй, - загъта колхозы сæрдар Гокъоты Мухарбег, - фæлæ рагæй дæр йæ хъуыдцаг хорз нæ цæуы, ног хицау æм æнæ арвитгæ нал ис. Адæм ныхъхъус сты, Мухарбегæн йæхимæ æнхъæлмæ кастысты, кæд йæхæдæг зæгъид, ног хицауæн кæй æрвитынмæ хъавы, уый ном. Фæлæ уый рæстæгмæ ницыуал дзырдта. Маханджери цалдæр хатты бакаст Мухарбегмæ, йæ хæдивæг Хъыбызты Къоламæ æмæта-иу сæ цæстæнгас йæхиуыл ацахета. Цы ма бамбарын хъуыд, каст цæмæ у, уый? - Гъæйтт, Мухарбег, куыд дын амардтæн, гъе, - загъта Маханджери, æмæ сыстад йæ бынатæй. - Мæнмæ куы сарæзтай дæ цæстæнгас. Зæгъ æй, цы сфæнд кодтай? Æви æз рæдигæ кæнын? «Æмæ гъа, цыппæрдæс азы республикæйы раззагдæр колхозтæй иуы сæрдар уыдтæ, ныр дæ фермæмæ куыд арвитæм?.. Раст дæм куынæ фæкæса? - йæхинымæр дзуапп радта Мухарбег. - Мæ партион цæсгом, цыма, никуыма фæчъизи кодтон, афтæ æнхъæл дæн. Мæ бон цы уа, уымæй архайдзынæн фермæйы дæр... ...Фермæ æрбынат кодта Змейкæйæ Ставд-Дурты æхсæн Кировы номыл къанауы был. Мит пирæнгæмттæй хауди зæхмæ, Маханджери фыццаг бон йæ ног куыстмæ куы рараст, уыцы бон. Цы баййафдзæн фермæйы? Куыд фæкæсдзæн йе’рбацыд коллективмæ? Куыд ацæудзæн йæ куыст? Æвæдза, адæймаг хорз куы ахъуыды кæна, уæд цыма йæ царды бонтæй бирæ куырмæй арвыста, афтæ йæм æнæ фæкæсгæ нæй. Афтæ Маханджери дæр. Мæнæ йын ныр йæ бар цы фермæ бакодтой, уырдæм фыццаг хатт нæ цæуы, Калинины номыл колхозæн сæрдар куы уы уæд-иу арæх æрбаласта сæ фермæйы кусджыты ардыгон фосдарджыты фæлтæрддзинад ахуыр кæнынмæ. «Фæлтæрддзинад, - æнæбары худт бакодта йæхинымæр Маханджери. - Цымæ цы хуыдтам афтæ уыцы азты? Хорз хъомдæттæ-иу федтам, æндæр цы? Уæд иу хатт дæр ма ахъуыды кæн, хъомдæттæн дæр æмæ дондарæнтæн дæр сæ сæйраг нысан 85
иы у, ууыл. Нæ хъуыды кæнын, искуы исчи фæрсгæ дæр цымæ бакодта, ногдзинæдтæ æхсыры æрдыгъдыл куыд фæзындысты, уымæй...». Цынæ хъуыды цыдис сæрмæ. Колхозтæ иу кæнын куы райдыдтой, уæд раздæры сæрдартæй бирæтæ стырдæргонд колхозты хицæн къабæзты сæргъы æрлæууыдысты. Сæ фылдæр æвзæр разамонджытыл нымад нæ уыдысты, алкæмæн дæр «рæстæмбис нымадæй» куы аргъ кодтой, уæд. Чи хъуамæ гуырысхо кодтаид, ныр сын чысылдæр æмæ æнцондæр хъуыдцаг сæ бар куы бакодтой, уæд ноджы хуыздæрæй сæхи кæй равдисдзысты, ууыл. Гъе, фæлæ бæстæ куы базмæлыд, колхозтæ згъорæгау куы акодтой размæ, уæд фыццаджы разамонджытæй чидæртæ фæсте аззадысты, фегом сты æмæ адæммæ разындысты сæ рагон хъæдгæмттæ. Разамонæг куыст ын йæ хъысмæтмæ гæсгæ æнустæм нысангонд у, зæгъгæ, æнхъæл чи уыд, уыцы адæмы сæ къух сау куыстмæ бахæстæг кæнын куы бахъуыд, уæд фæоцани сты. Ай-гъай, Маханджери куыстæй дæр нæ тæрсы, уæдæ разамонæгæй дæр не ’рлæууыд йæ царды фæндагыл. Æмæ гъа, куыд рауайдзæн... Колхозы сæрдар фермæйы кусджыты куы æрæмбырд кодта æмæ сын куы бамбарын кодта правленийы уынаффæ Маханджерийы фермæйы сæргълæууæг сæвæрыны тыххæй, уæд адæм цыма ницы фехъуыстой, уыйау æнæ хъыпп æнæ сыппæй бадтысты. Зын бамбарæн нæ уыд сæ хъуыды: «Махæн та цы уæлдай у, кæй фæнды дæр нæм æрбарвитут - иу æмæ дзы дыууæ нæ федтам, алчидæр дзы цы æрбаййафы, уый ныууадзы иннæмæн»... Бон-изæрмæ Маханджери фæзылд фермæйыл, лæмбынæг фæкаст адæмы куыстмæ, сæ уавæртæм - ницæмæй барухс йæ зæрдæ. Ницы æгъдау ис фермæйы, кæй дзы кæд фæнды, уæд райдайы хъуццытæ дуцын, кæй къухы цас бафты, уыйас сын ратты холлаг, афтæмæй та уыдон фаг не сты. Æхсырыл фидар хыгъд æвæрд нæй. Нæй хъугдуцджыты æхсæн ерыс, раззагдæрты фæлтæрддзинадмæ хъусдард нæ цæуы. Рæстæмбис нымадæй, иу хъугæй æрдуцынц... фондз килограммы. 86
Фæлæ Маханджери нæ тагъд кодта. Хъуыддæгтæ иууылдæр куы сбæлвырд кодта, йæ зæрдæ базонынмæ куы ницæмæуал æхсайдта, æрмæстуæд сарæзта йæ фермæйы кусджытæн фыццаг æмбырд. Уым йæ ныхас цыбыр уыд: афтæ дарддæр кусæн нал ис, ууыл уæ дыууæ личн зæгъдзæн. Кæд уæ зæрдæмæ цæуы, уæд нæ алы боны куыстæн дæр саразæм мæнæ ахæм пълан. Мæнæ уый та æндæр пълан - дæс бонæн. Саразæм бæлвырд рацион, холлæгтæ нæм хæрз стæм кæй сты, уымæ гæсгæ та нæ рацион уæлдай тынгдæр хъæуы... Фермæйы хицауы ныхæсты уыдис ногæй цыдæр, фæлæ у æддæр ныхас ныхас йедтæмæ цы у, - æмæ чидæртæ ныппыррыкк кодтой, ома, рæсугъд зарджытæ алы бон радиойæ хъусæм, фæлæ уымæй нæхицæй иуы хъæлæс дæр нæма фæхуыздæр. Иу бон æхсырласæн машинæ фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд Маханджери райста квитанци, æркаст æмæ хорзау нал фæцис: æхсыр æнæуи дæр бынтон чысыл дæтты фермæ, фæлæ ма дзы сой дæр мæлæты чысыл ис. Дыккаг бон ацыд æхсырисæн пунктмæ, базыдта аххосаг: æхсыр цас чъизидæр уа, уыйас къаддæрмæ нымад цæуы. Æндæр исчи уайтагъд амбырд кодтаид хъугдуцджыты, уайдзæфтæ сын фæкодтаид. Маханджери никæмæн ницы загъта. Æрмæст дыккаг бон дыууæ сылгоймагæн бабар кодта æхсыр аласын. - Не ’хсыр æгæр «мæллæг» разыны æмæ ма иу уæ хъус бадарут, афтæ цæмæн уайы, уымæ, - бафæдзæхста сын. Уыцы бон сæ фæрсгæ дæр ницæмæй бакодта, фæлæ куыннæ бафиппайдтаид, сылгоймæгтæ куыддæр къæмдзæстыгхуыз уыдысты, ныхасмæ сæ куыннæ æрцахстаид, ууыл архайдтой: «Ау, ууыл ахицæн уæ хъуыддаг?» — хъуыды кодта йæхинымæр. Фæлæ райсом куы бацыд скъæтмæ, уæд фыр дис æмæ фыр цинæй йæ риу ахгæдта, цæстытæ аумæл сты æмæ фæстæмæ фездæхт: сылгоймæгтæ дуцыны размæ тæвд донæй æхсадтой хъуццыты фæздæттæ æмæ къæдзилтæ. Фæстæдæр куыд базыдта, афтæмæй, æхсыр чи аласта, уыцы сылгоймæгтæ изæры æрæмбырд кодтой се ’мбæлтты æмæ сын бамбарын кодтой хъуыддаг. 87
- Мах аххосæй æхсырæй цас сæфы? - загъта сæ иу. - Омæ, æниу худинаг дæр нæу,- сылгоймæгтæ куы стæм, - бафтыдта йæм иннæ. - Тæвд дон æмæ ма нæ уды фæллой йедцæмæ исты хъæуы? Уæдæй абоны онг дæр ууыл ныхас никуыуал рауад, цыма ницы бафиппайдта, афтæ дары йæхи. Рацыд мæй, дыууæ. Сырх къуымы æрæмбырд сты фермæйы кусджытæ иууылдæр. Хыгъдхæссæг фехъусын кодта алкæйы куысты бæрæггæнæнтæ дæр, æмæ адæм хъæлдзæг змæлд бакодтой. Фæлæ рæстæмбис нымадæй фермæйы алы хъугæй дæр æрдыгътам 10 литры, зæгъгæ куы загъта, уæд цины уынæр æмæ æрвдзæфау къухæмдзæгъдæй къултæ фæйнæрдæм фæцæйтыдтой. Гъе, уыцы бон тынгдæр бауырныдта Маханджерийы, ацы диссаджы адæм ныр кæй нал æрæнцайдзысты 10 литрыл - йæ хъаруйыл чи æууæнда, ныфс бирæ кæй бацæуа, ахæм адæймагæн æдзух ног уæлахиздзинадмæ æнæ тырнгæ нæй. Сæ ныхас нæма фесты, афтæмæй кæрты машинæйы уасын ссыд. Æвæдза, цыфæнды æнæрцæугæ хабарыл дæр баууæндыдаиккой сылгоймæгтæ уыцы сахат, фæлæ сæхи цæстæй кæй уыдтой, ууыл не ууæндыдысты. Суанг азы кæрон дæр æдзух сæ мызд кæмæн нæ фыстой, уыцы адæмæн ныр мæнæ мæйы мызд æрбаластой раст сæ куысты бынатмæ. Ау, æмæ сын Маханджери зæрдæ дæр куы никуы бавæрдта, ууыл сæм ныхас дæр куы никуы рауад! Диссаджы адæймаг у, диссаджы! Фæрæстмæ сты фермæйы хъуыддæгтæ, фæтагъдцæр кодта йæ цыд нысанганд бæрзæндтæм. О, фæлæ хъугдуццжытæй бирæтæ ацæргæ сты, афон сын у улæфынмæ, - чи сæ раива? Райс мæнæ Маханджерийæн йæхи ус Минтæйы дæр: фараст сывæллоны мад у æмæ йын цас æнцон у фермæйы кусын? Иуахæмы Маханджери æмæ Минтæйæн сæхимæ ууыл ныхас рауад. Уæд дын сæ хистæр чызг Зоя йæ чингуытæ иуварс авæрдта, бацыд йæ фыды цурмæ. - Тыхсгæ ма кæн, папæ, мæй йеддæмæ мæ нал хъæуы - ратдзынæн экзаментæ, райсдзынæн аттестат... Цы-ма дæ хъæуы уымæй хуыздæр хъугдуцæг? - æмæ зæрдиагæй ныххудтис. 88
- Ды худгæ кæныс, фæлæ фæллойæ ничима фæхудинаг, - фæтар кодта йæхи фыд. - Нырмæ дæр ма чидæртæ райста аттестат, фæлæ дзы бирæ бацыд колхозмæ? - Уыдонæн æз ницы зонын, мæ уд мæ бар у æмæ мæ мады æнæ раивгæ нæй, æгъгъæд ын фæуæд, баулæфын афон ын у. Æдзынæг кæсгæйæ баззадысты ныййарджытæ сæ хъæбулмæ. Бæргæ, иу уал дзы куы фæуыдаид институт. Уæвгæ, кæд истæмæн бæзза, уæд æй уым хиуыл кусын чи нæ уадзы? Гъе, кæд фæлвых разына, уæд фермæйы дæр ницы, институты æмæ уый фæстæ та - уæлдайдæр. Цинæй байдзаг мады зæрдæ, Зоя уымæй фылдæр дуцын байдыдта йæ хъуццытæй, зæгъгæ, куы фехъуыста, уæд. Ныфсджынæй бацыд Зоя фермæйы раззагдæр хъугдуцджытимæ ерысы æмæ дыууæ азы дæргъы се ’мцыд фæкодта. Ныр афон у институтмæ дæр. Зын у, тынг кæуыл сахуыр, бирæ йын кæй цæст уарзта, уыцы хæларзæрдæ адæмæй фæхицæн кæнын, фæлæ йыл никæйы зæрдæ фæхудцзæн: нырма хæрз æрыгон у, сахуыр кæна æмæ та сæм фæстæмæ зындзæн. Уый афтæ у, фæлæ Светæ та, Светæ? Уый дæр ацы аз фæцис дæс къласы æмæ уый та цы фæнд кæны? Иу изæр Зоя йæ фæнд раргом кодта мад æмæ фыдæн. Йæ ныхас кæронмæ нæ ахæццæ, афтæ Светæ йæхи фæтызмæг кодта. - Ницы дын дзы рауайдзæн, нæ хо, - бадзырдта Зоямæ. - Æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй дæм мамæ йæ хъуццыты къорд йæхæдæг радта... - Æмæ сæ æз дæр лидзгæ куы нæ кæнын, искæмæ сæ ратдзынæн. - Искæмæ сæ нæ ратдзынæ, фæлæ - мæхимæ. Уый дын иу. Дыккагæй та, цалынмæ хъуццытæй чи цы æвзагыл дзуры, кæмæн дзы цы йæ зæрды ис, цавæр зондыл хæст у, уый бæлвырд базонон æмæ мыл сахуыр уой, уæдмæ фермæйæ дæ фындз уынгмæ æвдисгæ дæр нæ ракæндзынæ. Зоя худæгæй бакъæцæл, мад мидбылты худгæйæ йæ цæссыгтæ асæрфта куатæйы фæдджийæ. Маханджерийæн дзурын йæ бон ницы ссис. Фæлæ йæм бакæс, уæд зын бамбарæн нæ уыдысты амондджын лæджы æнкъарæнтæ. «Æвæдза, æндæр ма давæр 89
амондмæ бæлла ныййарæг? - хъуыды кодта йæхинымæр. - Мæ бирæ фæллæйтттæ нæ фæдзæгъæл сты, мæ бæллиц мын бамбæрстой мæ цот æмæ мын æй мæ цæстытæй фенын кодтой. Бузныг, стыр бузныг, мæ хуртæ, адæмы раз уæ сæрыстыр уæвыи мæ бон кæй у, уый тыххæй». Зоя бацыд медицинон институтмæ, Светæ та- фермæмæ. Зоя йæ хойы афтæ бацæттæ кодта, æмæ йæ ацыд æхсыры æрдыгъдыл иу бон дæр нæ фæзынд. Уæвгæ уый бынтон раст нæу. Мæй дæр нæма акуыста Светæ, афтæ йе ’рбацыд æгæр дæр ма фæзынд: Зояйæ бирæ фылдæр райдыдта дуцын. Светæ фермæйы æппæты разæй бафæзмыдта рязайнæгты сидт хъугæй бон пут æхсыр дуцыны тыххæй æмæ иннæтæй раздæр уыцы стыр хъуыддаг бафтыд йæ къухы. Мах цæрдæвæрд афтæ у, æмæ хорздзинад кæмдæриддæр куы сæвзæра. уæддæр ын дард æнæ айхъуысгæ нæй. Æмæ иугæр куы айхъуыса, уæд та йæ фæзмджытæ бирæ разыны. Зоя æмæ Светæ, сæ фыд хицау кæмæн у, уыцы фермæмæ нæ бацыдысты. Фæлæ куы газеттæй, куы докладтæй, лекцитæй, агитаторты ныхæстæй колхозы фæсивæд базыдтой уыдоны хъæппæрис. Маханджерийы уырныдта, тагъд 4-æм фермæйы дæр æрыгон чызджытæ кæй фæзындзæн, уыдон фадат кæй ратдзысты хистæртæн сæ фæллад суадзынæн. Æмæ ма уый дæр уый у, фæлæ се ’рыгон хъару, сæ бирæ зонындзинæдтæ, æвзонг адæймаджы цыбæлдзинад, æнæрынцой зæрдæйы уаг... Нæ фæрæдыд Маханджери: ныртæккæ фермæйы кусджыты фылдæр хай сты æрыгон чызджытæ. Уыдон дæр нæ фæрæдыдысты: фермæйы сын ницы цæлхдур ис ахуыр кæнынмæ. Æмæ ахæм аз нæй, ардыгæй кæйдæр институтмæ ма фæфæндараст кæной. Уырдæм цæттæ кæны йæхи Светæ дæр. Куыд федтам, афтæмæй 1957 аз фермæйы тынг хъæздыгæй не рæййæфта. Афтæмæй уыцы азы бæрц æхсыр та уырдыгæй никуы рацыд: алы хъуг дæр радта 2800 литры. Цæуыл цин кодтаид, цæмæй сæрыстыр уыдаид фермæйы коллектив, уый уыдис. Фæлæ хорзæн исчи арæнтæ сбæлвырд кодта! Фермæйы кусджытæ гом кодтой ног æнæвнæлд фадæттæ. Æмæ уыдонæн сæ сæйрагдæрыл æмхуызонæй 90
банымадтой æхсыры хиаргъ къадцæр кæнын. Уымæн та хъæуы механизациФæлæ колхозы правлени куы ницы сараза, уæд фермæйы кусджытæн сæхи бон цы у? Раст зæгъын хъæуы, Гокъоты Мухарбег дæр, Хъыбызты Къола дæр æмæ правленийы иннæ уæнгтæ дæр ницæмæй бацыдысты сæ зæрдæхудты. Фермæйы фондз скъæггы дæр кæвдæстæм холлæгтæ ласынц механизмтæй. Колхозы механизатортæ ам сарæзтой артезианы цъай, скъæттæм уырдыгæй бауагътой трубатæ, сарæзтой автодондарæнтæ, смеханизаци кодтой фаджыс ласыны куыст. Тынг зыд сты ацы фермæйы кусджытæ ногдзинадмæ. Газетты цы бон бакастысты механизацигонд дуцæн фæзты тыххæй, уыцы бонæй фæстæмæ колхозы сæрдары æнæхуыссæг фæкодтой саразæм мах дæр, стæй æвæстиатæй. Цы гæнæн ма уыд - сарæстой дуцæн фæз. Ныр ам хъугдуццжытæ, ис раздæрæй æмбис къаддæр æмæ тагъддæр арæхсынц сæ куыстмæ. Кæддæр иу хъуг æхсыр фондз килограммы йеддæмæ нæ кодта, уый ма искæйы зæрдыл куы æрлæууы, уæд адæмыл худæг бахæцы. Æмæ куыннæ: 1958 азы рæстæмбис нымадæй фермæйы алы хъуг дæр радта 2900, 1959 азы та - 3144 килограммы 1144 тоннæйы æрдыгътой фарон ацы фермæйы. Цы ма фæхонынц, уæдæ, æхсыры цад! Кæд уæ исчи цалдæр азы размæ ацы фермæйы уыдис, уæд æй ницы хуызы ферох уыдаид, уæрджытæм цъыф кæрты дыууæ къахдзæфы акæнын дæр цас хъизæмары хъуыдцаг уыд, уый. Уæдæ ма йæм ныр бакæсут. Ацы кæрты фос иокуы вæййы, уый зын бауырнæн у, афтæ æфснайд æмæ райдзæтæй йæ дарынц. Иу скъæтæй иннæмæ, уыдонæй æмдзæрæнмæ - хуырæй уæрæх фæндæгтæ, сæ фæрсты сæхи бæрзонд систой сусхъæд бæлæстæ. Уæртæ иуфарсырдыгæй - дыргъдон, ныридæгæн дзы ис 50 фæткъуы бæласы. Фермæйы алыварс æнæуи бæлæстæ цæ ис, уый та. Æниу ма бацу æмдзæрæнмæ. Кæдцæрау ам нал фæ- къæмдзæстыг уыдзысты, уазæджы цæуыл æрбадын кæной, уый нæй, зæгъгæ, сæхæдæг дæр пъолыл нал бадынц хæргæйæ дæр æмæ куыстæй уæгъд сахат дæр: Сыгъдæг, райдзаст, æфснайд уæттæ. Иуы дзы адæм кæсынц телевизормæ, иукъорд чызгæн та 91
абон уымæ кæсæн нæй - кусы хуийыны æмæ кæрдыны къорд. Цыппар уаты - радиоприемниктæ. Сырх къуымы фендзынæ куысты бæрæггæнæнтæ æвдисæн фæйнæг, хъугдуццжыты химæрайст хæстæ, къулы газет, плакаттæ, нырма абоны уагьд «Молния»... Бацу æмæ ма абад ныр фермæйы кусджыты æмбырды: бамбардзынæ, ам кæй кусынц тынг хæлар, æмзонд адæм. Искуы газеты куы бакæсой, ахæм æмæ ахæм куыстуаты адæм кæрæдзийæн æххуыс кæнынц, зæгъгæ, уæд сæм диссаг фæкæсы: ау, уæдæ æндæр куыд кусæн ис?! Алчидæр нæ фермæйы æппæт хъуыддæгтыл йæхи бæриджын куы нæ хона, иннæты сгуыхтдзинад ын цин куынæ уа, сæ хъыг та - хъыг, уæд уый коллектив хуыйны? Гъеныр ацу æмæ дзы кæйдæр равзар, сæрмагондæй дзы кæйдæр кой ракæн. Уæртæ Дзебысаты Верæ, Дзагъойты Сарæ æмæ Хъайтмæзты Анися фарон алы хъугæй дæр фæйнæ 4500 литры æрдыгътой, иннæтæ та къаддæр. Фæлæ иу иннæмæй къаддæр хъару схардз кодта, йе’гуыдзæгдзинады фыдæй уыдоны нæ баййæфта, зæгъгæ, кæмæ бацамонæм, ахæм нæй.... Цыфæнды куы дзурай, уæддæр раззаг кæм нæ уа, иннæтæ сæ куыст цæуыл абарой, уый куы нæ уыной, уæд ерыс дæр ерысы хуызæн нæу, хуылыдз сугтæй артау мæнг сыгъд кæндзæн. Кæрæдзийæн æхху ысы бындурыл арæзт æхсидгæ ерыс цалынмæ анхъæвзта фермæйыл, уæдмæ, уæдæ, уый бæрц æхсыр искуы цæуыннæ æрдыгътой? Фæуыныл уыд авдазоны фыццаг аз, афтæ СЦКП-йы ЦК-йы Плену м хъæуу он хæдзарад ы ку сджытæн бацамыдта, комму низмы арæзтад фæтагъддæр кæныны тыххæй хæстæгдæр рæстæг цы бæрзæндтæм схизын хъæуы, уыдон. Алы адæймаджы дæр бæлвырд сбæрæг кæнын хъæуы, партийы амынддзинад баххæст кæныныл æппæтадæмон тохы йæ бынат, стæй йæ уырдæм цы бахæссын хъæуы, уый. Ацы фермæйы нæ батагъд кадтой, сæ зæрдыл хорз лæууыд, раздæриу куыд фæсынк сты, уый: исты ног хабар, зæгъгæ, уæд амбырд у, цъынддзæстæй зæгъ, уыйас æмæ уыйас бакæндзыстæм. Стæй та-иу рацæй-рабон... Зын у дзырд фæсайын, фæлтау 92
ахъуыды кæн фаг, абар дæ гæнæнтæ æмæ уыдонмæ гæсгæ уæз æрæвæр де ’ккойыл. Верæ, Сарæ æмæ Анися ацы аз тох кæндзысты иу хъугæй фондз мин литры æрдуцыныл. Иннæтæй чи къаддæрмæ йæ ныфс хæссы, чи та уый бæрцмæ. Æмæ сæйраг уый нæу: чи цыфæнды зæгъæд - æппæты стырдæр нысанмæ се’ппæтæн дæр æнæ тырнгæ нæй. Æмæ иугæр афтæ куы уа (æнæ уæвгæ та йын нæй!), уæд та фидæны мах цин кæндзыстæм ацы коллективы стыр уæлахиздзинадыл. Бирæ стыр æмæ рæсугъд фæндтæ ис фермæйы кусджытæм ацы аз. Рæстæмбис нымадæй алы хъугæй дæр æрдуидзысты 3500 литры æхсыр. Уый чысыл нæу. Гъе, фæлæ ма йæ хиаргъ куы фæкъадцæр уаид. Раст зæгъын хъæуы, бирæ фермæтимæ абаргæйæ фарон ам æхсыры центнеры хиаргъ уыйас стыр нæ уыд - 83 сомы, фæлæ искуыдæр ма хæдзардзин адæймаг йæ бæркад цауддæр сыхагыл бары. Стыр куыстытæ цæуы фермæйы, гæнæн цас ис, фæллой механизацийы руаджы уыйас фæхуымæтæгдæр, фенцондæр кæныныл. Фермæйы кусджытæ сæхæдæг бавæрдзысты фаг силос уæлзæхх, цæмæй сын фадат фæуа фос уæгъдæй дарынæн. Уый фæрцы та фæкъаддæр уыдзæн кусджыты нымæц, фæасламдæр уыдзæн æхсыры хиаргъ. Алы аз колхоз бирæ æхца хардз кодта фосы мыггаг фæхуыздæр кæныныл. Уый та тынг зыны æхсыры хиаргъыл. Æхсызгон уыдис фермæйы кусджытæн колхозы правленийы фæндон: æгъгъæд фæуæд искуы хъуццытæ æлхæнын, фермæйы радих кæнæм фосы мыггаг хуыздæр кæныныл кусæг къорд æмæ нæхимæ хъомыл кæнæм бирæ пайдадæттæг фос. Ныр фермæйы уыцы къорды куыст нымад у тæккæ ахсджиагдæрыл. Иу адæймаг æдых у, фæзæгъынц. Фæлæ иу адæймаг иузæрдион æмтохгæнджыты йæ алыварс куы æрæмбырд кæна, кæй сæраппонд сæ баиу кодта, уыцы хъу ыдцаг æмæ йын йæхиуыл куы æууæндой, уæд тохæй æгадæй ницыхуызы рацæудзысты. Коммунистон партийы обкомы уæнгтæм кандидат Бæдтиаты Маханджери дæр æрлæууыд æхсæнады хъуыддагыл иузæрдион, фæллойы - æвзыгъд, куыстуарзон коллективы сæргъы, баххуыс 93
сын кодта рæзты фæндагыл стыр санчъехтæ акæнынæн, баууæндын сæ кодта, сæ бон ноджы фылдæр бакæнын кæй у, ууыл. Æмæ æрæджы ,дæр ма фæстæзад чи уыд, уыцы фермæйы ныфсхаст фосдарджытæ ацы аз тох кæнынц коммунистон фæллайы коллективы ном райсыныл. Æмæ иугæр кæм загътой, уым афтæ æнæ уæвгæ нæй. -=<©$©>— 94
Цæрукьаты Валодя, Мæхæмæтты Ахуырбег АМОНДЫ СТЪАЛЫ Машæ хъуыдытæгæнгæ фæцæйцыд уынджы. Заводмæ йæ райстой. Раздæр уал ахуыр кæндзæн. Æмæ хъуыддæгтæ афтæ хорз кæм цæуынц, уый йын æхсызгон уыд. Тæрхæттæ кодта фидæны дæсныйадыл. Лæгъзгæнæг... Цавæр куыст у? Машæ зоны, лæгъзгæнæн цы у, уый. Фæлæ уымæй хъæдын дзаумæттæ фæлæгъз кæнынц. Вагæттæ-ремонтгæнæн заводы механикон цехы та иууылдæр æфсæйнагимæ куы у сæ куыст. Чи уыдзæн йæ ахуыргæнæг? Машæ абон райсом æмдзæрæны цæуынмæ йæхи куы рæвдзытæ кодта, уæд ын, заводы цалдæр мæйы чи кусы, уыцы чызджытæй иу дзырдта: - Евæмæ куы бахауис. Æнæмаст адæймаг у! Ницыхуызы дыл схъæр кæндзæн, цыфæнды къуыхцытæ куы кæнай, уæддæр. Уайтагъддæр сахуыр уаис лæгъзгæнæджы куыстыл. Мæнæн æрæджы разряд радтой, фæлæ ма Евæйы ахуыргæнинагæй иу- дыууæ азы дæр баззаин. Мæ мады бæрц æй бауарзтон. - Заводы йæ бирæтæ хонынц сæ мад, - загътой иннæ чызджытæ дæр. «Мæнмæ та цы æнхъæлмæ кæсы ам?» - ахæм хъуыдытимæ æрлæууыд чызг куыстуатмæ бацæуæны раз. Вахтер ын дуар фегом кодта, пропуск дæр дзы нæ бацагуырдта. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, знон ацы бурдзыкку дзæбæх чызджы заводы кадрты хицау кабинетæй ардæм куыд рахæццæ кодта æмæ йын куыд загъта. - Тæрсгæ ма кæн, зынæй дзы ницы ис. Механикон цехы моторты гуывгуывмæ хъустæ къуырма кодтой. Чызг æнхъæл уыд, æгæр раджы æрбацыдтæн, зæгъгæ, фæлæ фæрæдыд: цы мастеры бæрны йæ бакодтой, уый йæм бахудт æмæ йæм йæхимæ фæсидти. Машæ фæныфсджындæр, лæгъзгæнæн станочы цурмæ бараст. - Чызг, уый та дын цавæр æфсæрмытæ сты? - загъта мастер, ныллæггомау рæстæмбис кардзыд сылгоймаг, æмæ йæ къух Машæйы уæхскыл æрæвæрдта. 95
- Мах тынг ахсджиаг куыст кæндзыстæм - æз æмæ ды, - дзырдта дарддæр мастер. - Мæнæ ацы станоктыл цы детальтæ аразæм, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсынц Киевы, Харьковы, Тбилисийы, Барнаулы... Æмæ нæ дард хæлæртты хъуамæ фыдæнхъæл ма фæкæнæм... Евæ ску сын кодта лæгъзгæнæн станок. Вагоны тормæзы къæдз æфсæр автоматæй æрæлхъывта æмæ йæм лæгъзгæнæн бадардта. Райхъуыст æфсæйнаджы æхситт. Секунд æмæ æрдæгмæ деталь иуырдыгæй ацæттæ, æмæ нæ разылдга иннæрдæм. Машæ йæм кæсы æмæ дис кæны мастеры къухты цырд фезмæлдыл. Секунд æмæ æрдæг, стæй та ноджыдæр секунд æмæ æрдæг - деталь рæвдз у. Æртæ секундмæ! Гъе уый куыст у, гъе! Станок æмæ мастеры къухтæ кусынц сахаты хуызæн бæлвырд. Хæрз цыбыр рæстæгмæ æрдæгкуыстгонд продукцийæ арæвдз вæййынц ахсджиаг детальтæ. Заводы куырдадзы цехы алчидæр зоны Евæйы сыгъдæг, æнаипп куыст. Уымæ гæсгæ æрдæгкуыстгонд детальтæ куырдадзæй лæгъзгæнджытæм æрвитгæйæ, лæмбынæг кæсынц сæ «хуынтæм». Рох сæ нæу, айфыццаг сæм Евæ фæстæмæ сæ зылын сæмæн куы бахаста, гъа, мæнæ æрдæгцæттæ æрмæг куыд зын кусæн у, уый фенут, зæгъгæ, уыцы хабар. Евæйы бирæ амонын нæ бахъæуы йæ ахуыргæнинæгтæн. У ыдон уынынц мастеры куыст, фæзмынц æй. Æфсæрмы кæнынц исты аипп æруадзынæй æмæ фæархайынц тынг зæрдиагæй. Ног æрбацæуæг æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæй Евæмæ ахуыргæнинагæй кæй барвитынц, уый заводы хистæр кусджытæ амондцжын фæхонынц. Амондджынтæй уыд Машæ дæр. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ уый лæгъзгæнæн станокыл кусын байдыдта хибарæй. Хатгай иннæ мастерты бон цы нæ вæййы, уый дæр бакæны Евæ... Цехмæ æрбарвыстой ног ахуыргæнинаг - Анатолий Дубинины. Уыцы рæстæг Евæ æнæвдæлон уыд, йæ фарсмæ иннæ станокыл лæгъзгæнæджы дæсныйадыл ахуыр кодта дæсæмкъласонтæ Сускова æмæ Шалыкаловайы. Механикон цехы хорз мастертæ чысыл нæй. Уыдонæй иуыл бафæдзæхстой 96
Анатолийы. Мастер бæргæ архайдта лæппуйæн станокыл кусын бацамоныныл, фæлæ æрыгон кусæджы зæрдæмæ фæндаг не ссардта. Иу бон æм рамæсты: - Хъæдын къухтæ дын ис, æви? Æз дын мæнæ афтæ куы зæгъын!.. Евæ уыцы хъæрмæ фæкаст æмæ цехы къуымы ауыдта, мастер зстæй станокты хæцæнтæм куыд февнæлдта æмæ Анатолийы куыд аиуварс кодта, уый. Ахуыргæнинаг цъусдуг æдзæмæй алæууыд, стæй тагъд-тагъд йæ дыстæ рафæлдæхта æмæ дуарырдæм фæраст. - Анатолий, фæлæуу-ма! - ныллæг хъæлæсæй йæм фæдзырдта Евæ, иннæ мастер æй куыд нæ фехъуыстаид, афтæ. Лæппу дуаргæрон фæлæууыд, æнæууæнкæй разылди фæстæрдæм æмæ ауыдта Евæйы рæвдаугæ цæстæнгас. -Улæфты рæстæг куы нæма æрхæццæ. Куыд тагъд фæцæуыс? - Куы ацæуон, уæд, æвæццæгæн, хуыздæр уыдзæн. - У ый та куыд? - Нæ цæуы мæ куыст. Уæртæ ма уый дæр хурхæй марын, - æмæ йæ сæрæй мастерырдæм ацамыдта. Евæ цæуылдæр асагъæс кодта, стæй бадзырдта Сускова æмæ Шалыкаловамæ: - Чызджытæ! Кусут уал æнæ мæн. Куыд уын загътон, афтæ. Исты - уæд-иу мæм фæдзурут: уыдзынæн мæнæ Анатолийы станочы раз. Уыцы изæр сменæйæ хъæлдзæгæй рацæйцыд Анатолий. Евæйы æххуысæй фыццаг хатт йæ куыстæй барухс йæ зæрдæ. Фæрæстмæ, цы деталь арæзта, уый. Дуаргæрон фембæлд лæппуйы цехы парторганизацийы секретарь Александр Михайлович Барашкин. - Толик, Евæимæ кусын дын хуыздæр у? - О, - бахудт Дубинин. - Мæнмæ дæр афтæ хуыздæр кæсы... Æз фендзынæн мастерты. Парторг Битеты Евæ æмæ иннæ мастеримæ цæуыл ныхас кодта, уый Анатолий йæ фехъуыста. Фæлæ дыккаг бонæй фæстæмæ йæ ахуыргæнæг уыд æндæр - Битеты Евæ. 97 7
Хъаруджын адæймаг у уый. Алцæуыл дæр æххæссы. Фæлмæнзæрдæ, иумæйаг хъуыддагыл æнувыд. Æмæ йæ мадау уарзынц йæ бирæнымæц ахуыргæнинæгтæ. Стæй æрмæст уыдон нæ. Иуæй-иутæ нæ бафиппайдтой, Ефросиняйы станок уыцы райсом «сидзæрæй» кæй лæууыд, уый. Кусгæ бонæй рацыди сахаты бæрц, уæддæр сылгоймаг нæма зынди. «Кæм уа уæдæ, йæ куыстмæ цæуыннæ æрбацыди? - йæхи фарста Евæ: иуæй Ефросинямæ йæ зæрдæ æхсайдта, иннæмæй та куыст дæр къуылымпы кодта. Станок сменæйы кæронмæ афтæ æгуыст куы фæуа, у æд абоны пълан зноны хуызæн æнтыстджынæй æххæстгонд не ’рцæудзæн. Сменæйы кусджытæ та сæ æмбырды уынаффæ рахастой, цæмæй алы мастер дæр æрвылбон фылдæрæй æххæст кæна йæ нормæ, цæмæй иу машинæ дæр дзæгъæл лæуд ма кæна. «Ефросиня, æвæццæгæн, рынчын у, «æфсон» ис йе станочы лæудæн. Мæнæн та цы æфсон ис æгуыст станокмæ афтæ кæсынæн?» - йæхи фарста Евæ. Æмæ уæд йæ сæры фæзынди иу хъуыды. Цæст ахаста йæхи машинæйыл, кусгæйæ йæ фæуагъта æмæ скусын кодта йе’мбалы станок дæр. Рамæйыл æрæвæрдта втулкæ æмæ йæ лæгьзгæнæнмæ бадардта, азылдта йæ иннæрдæм дæр. Уæдмæ йæхи станочы лæгъз кæнынмæ бафтауын хъуыдис ног деталь, æмæ фæцырд ис уымæ. Стæй та фæстæмæ Ефросиняйы станокмæ... Евæйы къухты змæлдыл цæст нæ хæцыдис. Изæры сменæйы куысты бæрæггæнæнтæ куы нымадтой, уæд адæм дисы бафтыдысты. Лæгъзгæнæг иу станокыл йæ нормæ сæххæст кодта 115 процентæй, иннæуыл та - 95 процентæй. Сменæйы нормæ - дыууæ сæдæ дæс процентæй! Уый тыххæй Евæйæн йе ’мбæлттæ йæ къух куы истой, уæд уый хъуыды кодта, Мырзаты Ефросиня йæ куысты цæуылнæ уыдис, ууыл. ...Раст цыма Евæ цавæрдæр æнахуыр хостæ æрбахаста йемæ, афтæ фæкасти Ефросинямæ: йæ фæлладхуыз цæстытæ цинæй ферттывтой. Йе ’мбалæн цы хуызы раарфæ кодтаид, уый нæ зыдта. Æниу, миййаг, уый тыххæй æрбацыди цехы раззагдæр кусæг, цæмæй арфæтæм хъуса! Уый æрбауад рынчын сылгоймагæн феххуыс кæнынмæ. Дохтыртæн загъта æмæ йын йæ 98
хæдзармæ цыдысты, сæ цæст æм дардтой. Рынчын фæдзæбæх, ногæй та æрлæууыдис йæ куыстыл. Цæмæй зыдта, нæфæразгæ куы уыдис, уæддæр йе станок иу минут дæр дзæгъæл лæуд кæй нæ кодта. Ныр дæс азы дæргъы Битеты Евæ у заводы номдзыдцæр кусджытæй иу. Цæй бирæ хъару хъæуы, мæйæ-мæймæ, афæдзæй- афæдзмæ амæйай сæрæндæр токыртæ, лæгъзгæнджытæ, фрезеровщиктæй дæ разæй макæй ауадз, уымæн! Евæ фæндзæймаг аз æнæсцухæй алы сменæйы дæр сæххæст кæны дыууæ нормæйы! Райдыдта авдазон. Фæллойгæнджытæ бавнæлдтой æнæпайдагонд резервтæм, ноджы тынгдæр базмæлыдысты рационализатортæ. Алчидæр архайдта исты ногдзинад равдисыныл. Афтæ домдта цард. 1959 азы январы фæстаг бонтæй иуы Евæ баныди механикон цехы оæргълæууæг коммунист Ханамировмæ: - Вартан Миронович, мæнмæ афтæ кæсы, æмæ ма нæ цехы куыстæн фæхуыздæр кæнæн ис. Заводы раззагдæр уыди лæгъзгæнæн цех. Иннæтæн дæр уын баййафыныл уыд сæ ерыс. Уымæ гæсгæ сылгоймаджы ныхас диссагау фæкаст цехы хицаумæ: - Æмæ нæ хъуыддаг æвзæр куы нæ цæуы, Евæ Николаевнæ. - Уымæй йæ куы нæ фæхуыздæр кæнæм, уæд мах хуызæтты куыст чысыл фæстæдæр цæсты нал ахаддзæн. Ды куыд зæгъыс, мæнмæ дæр раздæр афтæ каст, фæлæ авдазон, авдазон!... Ныронджы æнтыст сæрмæ хæссинаг нал у. Æндæр хуызы бавналын хъæуы. - Уый дæр раст у, - цæуылдæр ахъуыдыгæнгæйæ, сразы Ханамиров. - Фæлæ ма, дзырдæн зæгъæм, ды дæхæдæг цы фæхуыздæр кæнис дæ куысты? - Ууыл æз хъуыды кодтон ногбонæй фæстæмæ. Радио æмбисонды сгуыхт адæмы кой кæны алы бон дæр. Чи дыууæ нормæйы æххæст кæнын байдыдта, чи фылдæр хæслæвæрдтæ исы. Мах та нæ ныхас нæма загътам. Мæнмæ куыдцæр худинаг кæсы, куыст æвзæр нæ цæуы, зæгъгæ, æмæ йæ ууыл ныууадз... 99
- Æмæ уæдæ станочы зылд фæтагъддæр кæндзынæ? Хорз куы зоныс дæ машинæтæ. - Нæ, фæлæ... кусын райдайон дыууæ станокыл! Дæ хорзæхæй, дзæгъæл хъуыды дæм ма фæкæсæд. Фрося рынчын куы уыд, фыццагдæр мæм ацы хъуыды уæд æрцыд. Станоктæ зонын æмæ мæм мæ зæрдæ афтæ дзуры: гæнæн ис. - Дыууæйыл, зæгъыс?.. - йæ ми хбылты бахудт цехы сæргьлæууæг. Дзургæ ницуал скодта. Ныр йæ зæрдыл æрбалæууыд, цалдæр хатты фæскуыст Евæ дыууæ станокимæ архайгæ куыд баззад, уый. Æмбары йæ: фæлваргæ кодта. Хуымæтæджы йæм не’рцыд ног фæнд. Куы ницы дзы уаид рауаинаг, уæд ыл Евæ Николаевнæ не ’сдзырдтаид. - Дæ фæнд бамбарын кæнæм Стехов æмæ цехы иннæ мастертæн, стæй парторганизацийы секретарь æмæ директорæн. Хъуамæ хицауады зæрдæмæ фæцæуа. Уый бирæ цæмæйдæрты пайда у. Каад дæхи куыст нæ фæхуыздæр уыдзæци, фæлæ уæд иннæтæ дæр сразæнгард уыдзысты, дæ фарсмæ æрбалæудзыг сты... Механикон цехы коллектив йе ’мбырды хорзыл банымадта Евæйы хъæппæрисдзинад. Арæхстджын кусæг фæсидтис заводы иннæ цехтæм сменæйы хæслæвæрдтæ æппынкъаддæр 150 процентæй æххæст кæныны тыххæй. - Æз мæхæдæг тæккæ райсом кусын райдайдзынæн дыууæ станокыл æмæ мæ авдазон пълан сæххæст кæндзынæн æртæ азы æмæ æрдæгмæ, - фидарæй загъта Евæ. «Дыууæ станочы! Зын уыдзæн уыдоныл кусын... Фæлæ ацы бонты алы рæтты стыр диссæгтæ куы æвдисынц, уæд, ау, мах бон нæ бауыдзæни дыгай станоктыл кусын?» - йæхи фарста Евæ. Дыккаг бон базыдта, йæ раздæры ахуыргæнинаг Машæ Стаценко дæр кæй райста дыккаг станок, æмæ уæд сцин кодта: æмбал уал ын фæзынд, æмæ чи, - йæхи раздæры ахуыргæнинаг! Фæрсæй-фæрстæм - цыппар стыр станочы. Афæдз æмæ æрдæджы размæ дæр ма уыдон уæлхъус лæууыдис цыппар мастеры. Ныр сты дыууæйæ - Евæ æмæ Машæ, иннæ дыууæйы та æндæр куыстмæ баивтой. Машæ ныр иукъорд боны бакæс- бакæс кæны Евæмæ, цыдæр зæгъынмæ йын хъавы, фæлæ та 100
йæхиуыл фæхæцы. Евæ йæ æмбары, фæлæ барæй ницы дзуры. - Евæ Николаевнæ, - нал фæлæууыд иуахæмы чызг, - дæ зæрдæ мыл ма фæхудæд, фæлæ дæм ерысæй сидын... Евæ бахудти: - Æгайтма дæм ахæм хъуыды фæзынди, æз дæр дын уымæ куы бæллыдтæн. Уыцы хъæппæрисдзинад тагъд айстой бирæтæ. Ремонтгæнджыты æнтыстдзинæдтыл дзурын райдыдтой радиойæ, газетты. Уыцы æнтыстыты уыди Евæйы фæллойы хай дæр. Цæгат Ирыстоны промышленнон куыстуæтты сгуыхтдæр адæймæгтæн коммунистон фæллойы хъазуатоны ном лæвæрд куы цыд, уæд уыцы кадджын ном райста Битеты Евæ дæр. ...Сылгоймæгты республикон съездмæ равзарын хъуыд делегаттæ вагæттæремонтгæнæн заводы коллективæй. Сæдæгай сылгоймæгтæ - зындгонд кусджытæ æмæ æрыгон чызджытæ - фидарæй загътой: «Мах номæй съездмæ ацæудзæни Битеты Евæ». Фæлæ 5-æм мартъийы Ирыстоны сгуыхт сылгоймæгтæ æмæ сыхаг республикæтæй нæ буц уазджытæ горæт Орджоникидзейы Советты хæдзармæ куы æрæмбырд сты, уæд Евæ уыдис Мæскуымæ фæндагыл... * * * Поезд æрлæууыд. Евæ метройæ схызти æмæ Революцийы фæзы тагъд-тагъдæй цæхгæрмæ фæраст. Мæнæ Сырх фæз. Мавзолей. Кремль. Ирон сылгоймаг сæрыстырæй цæуы фæзы æмæ йæ амондыл хъуыды кæны. Рагон Кремлы бæрзонд сисы сæрты сæхи æрбадардтой хуры зæрин тынтæ, æмæ сызгъæрин стъалытæ тæмæнтæ скалдтой. О, ардыгæй тавынц хуры тынтæ æгас дзыллæты дæр! Рухс сæ у Евæйы зæрдæ дæр. Утæппæт сылгоймæгтæ иу хъуыддаджы фæдыл æрæмбырд сты Кремлы Стыр галуанмæ. Уыдонмæ фæсидтысты, цæмæй сын радтой Социалистон Фæллойы Геройы сызгъæрин стъалытæ æмæ хицауадон хæрзиуджытæ. Мраморæй конд уæрæх залы 101
рæнхъ-рæнхъ рабадтысты Новосибирскы механикон заводы цехы сæргълæууæг Мария Степановна Бабушкииа, Сталинабады цыллæйы комбинаты кусæг Ахмедова Кумри, Сумгаиты трубатæаразæн заводы кусæг Гасанова Залинæ Гасан-кызы æмæ бирæ æндæртæ. Цас бахъæуид уыдон фæнымайынæн рæстæг! Уыцы намысджын сылгоймæгтимæ бадтис Битеты Никъалайы чызг Евæ дæр! Æнувыд фæллойы руаджы æрлæууыдис С. М. Кировы номыл вагæттæремонтгæнæн заводы хуымæтæг кусæг, ирон сылгоймаг нæ Цæдисы раззагдæр адæймæгты æмрæнхъ. Парти æмæ Хицауады разамонджыты æрбацыд сиу тыхджын къухæмдзæгъдимæ. Бæстæйы намысджын сылгоймæгтæ цы залы бадтысты, уый иууылдæр цины денджыз фестад. Евæ- иу фырцинæй, йæ фарсмæ чи лæууыди, уыдонмæ бакасти, стæй та-иу тынгдæр æрæмдзæгъд кодта. ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы номæй йын Андрей Андреевич Андреев йæ риуыл Социалистон Фæллойады Геройы сызгъæрин стъалы æмæ Ленины орден куы бакодта, уæд Евæйæн фæтынгдæр ис йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп. Цины цæстысыгтæ æрызгъордтой æнцъылдтæ уадултыл. Андрей Андреевич рæвдаугæ цæстæй бакасти сылгоймагмæ. - Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын, Евæ Николаевнæ, æппæты стырдæр хæрзиуæджы тыххæй. - Æмбал Андреевы уыцы ныхæстæ никуы ферох уыдзысты фæллойуарзаг сылгоймагæй. Уыцы бонты Евæ уазæгуат «Мæскуы»-йы райста арфæйы телтæ йæ заводæй, зонгæтæ æмæ хионтæй. Уыдон æм фыстой: «Абон дæуæн у дыууæ бæрæгбоны. Сылгоймæгты Æппæтдунеон бон æмæ хицауадон стыр хæрзиуæг райсыны бон. Нæ хъæбысы дæ кæнæм». * * * Паровоз æрлæууыд. Поезды размæ рацыд бирæ адæм. Уæлдай фылдæр адæм та уыдис иуæндæсæм вагоны цур. Битеты Евæ вагоны дуарæй куы ракасти æмæ йе ’мбæлтты рухс цæсгæмттæ куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ ноджы тынгдæр бахъæлдзæг. Йæхинымæры хъуыды кодта: хæрзиуæг канд мæн нæу, уый у æгас коллективы. 102
Йæ фарсмæ балæууыд йæ кæдцæры ахуыргæнинаг Машæ Стаценко, йæ хъæбысы йæ ныккодта æмæ сдзырдта: - Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын не’ппæты номæй! - Бузныц стыр бузныг! 103
Т. Ефимцов КОЛХОЗОН ИНЖЕНЕР Хæххон бæстæ у Ирыстон! Махмæ дæ куы фæнда хуры фыц- цаг тынтæ фенын, уæд хуры скастмæ ма ’нхъæлмæ кæс, фæлæ де ’ргом сараз Сæнайы хохы цъупмæ: хуры тынтæ æппæты фыццаг уый цъуппыл андзæвынц... Уыцы сахат Сæнайы хох фæзыны, цыма йыл сызгъæрин зынджы цæхæртæ тæмæнтæ фæкалынц, афтæ. Хуры тынтæ схъазынц æнусон цъитийы айдæныл. Æмæ йæм адæймаг фæкæсы иттæг зæрдæрайгæйæ. Стæй хуры тынтæ апырх вæййынц иннæ хæхты цъуппытæ æмæ рæгътыл. Уалын- мæ фæсхохæй сленк кæны пиллонкалæг хур йæхæдæг дæр æмæ ныррухс кæны кæмттæ, фæзтæ, агъуыстытæ... Афтæ райдайы Ирыстоны диссаджы рæсугъд райсом. Афтæ нæм райгуыры ног бон. Колхозы инженер Цæлойты Гадзыбейы фырт Сабаз уарзы раджы стын æмæ хуры тынтæ Сæнайы цъуппæй дæлæмæ- дæлæмæ куыд æрцæйцæуынц, уымæ кæсын. Æвæццæгæн, йæ хæдзары рудзгуытæ дæр хæхты бæрзонддæрырдæм арæзт уый тыххæй сты. Абон дæр та Сабаз сыстади сæумæцъæхæй, бон æххæст нæма æрбарухс, афтæмæй. йæ уынгæг цырыхъхъытæ къæхтыл тыххæйты скодта, йе уæхсчытыл тагъд-тагъд йæ сæрдæнæйдзаг брезент къурткæ баппæрста æмæ дуарырдæм куыд фæрасти, афтæ йæ уе райхъал æмæ йæ афарста: — Уыцы раджы та дæхи кæдæм арæвдз кодтай? —Мастерскоймæ,—фездæхтис æм Сабаз: - Иу тагъд саразинаг хъуыддаг мын ис уым... - Омæ уæ машинæтæ дæр раджы куы фестут цалцæггонд, уæдцæр дæ фынæй кæнынмæ нæма равдæлд?- бахъуыр-хъуыр кодта ус. Сабаз ын ницы дзуапп радта. Æрмæст йæ хурсыгъд къухæй адаудта йæ тымбыл роцъо, йæ мидбылты йæм фæлмæн бахудт æмæ уынгмæ рацыд. Хур нæма ркасти, фæлæ Сæнайы хохы цъуппыл бадти рæсугъд сырхбын фæлм. 104
Æфсæддон фуражкæйы бынæй æддæмæ зындысты инженеры æрдæгкъæбæлдзыг сау сæрыхъуынтæ æмæ йын сæ райсомы рог дымгæ змæлын кодта. Райхъал ис колхозон хъæу Хуымæллæг. Ацы хъæуы Сталины номыл колхоз йæ æппæт машинæтæ дæр республикæйы æппæтæй раздæр фæци цалцæггонд. Кусынмæ рацæуын æввонг быдыры сты сæ дыууын аст тракторы. Фæлæ колхозы инженер уæддæр тыхсы. Нал бæззы, зæгъгæ, кæмæй загътой æмæ быронкалæнмæ кæй аластой, дыргъ бæлæстыл хос кæмæй пырх кодтой, уыцы зæронд машинæйы мæтæй. «Цымæ ацы «мард капиталæн» спайдагæнæн нæ уаид? - алы хатт хъуыды кодта Сабаз, уыцы зæронд машинæйы рæзты-иу куы фæцæйцыд, уæд. - Хорз уæд уымæй хуымты минералон хъацæнтæ пырхгæнæн саразын. Ноджы нæм цы æртæ тукон тауæн машинæйы ис, уыдонæй фæззыгæндтæм минералон хъацæнтæ ласыныл куы фæуæм, уæд цас æмæ цас рæстæг бакъæудзæн! Ницы сын æнтысы: иу сменæйы дæргъы æрмæст 20 гектары...». Инженеры хъуыдытæ хорз фæкаспысты колхозы механиза- тортæм. Уæлдай разæнгарддæрæй йæ фарсмæ æрбалæууыд Са- базæн йæ рагон æмбал, колхозы механик Сугъаты Нафи. Æмæ колхозы механизатортæ æнувыдæй бавнæлдтой уыцы куыстмæ. Æмæ абон дæр иннæ бонтæй раздæр мастерскоймæ уымæн тагъд кодта Сабаз: фæуын хъуыдис уыцы «диссаджы агрегат» саразыны куыст æмæ йæ тæккæ абон ракæнын хъуыди цалцæггонд машинæтæм, быдырмæ. Сабаз йæ бацыдмæ уым баййæфта Нафийы. - Бузныг, Нафи, хорз раджы æрбацытæ, - йæ хæлары къух исгæйæ, загъта ннженер. - Уæдæ куыд, куыд! Дæ хъалгæнæн «сахат» - Сæнайы хохы цæхæркалгæ цъупп мах дæр раджы райхъал кæны, — йæ мидбылты худгæйæ йæм йæ цæст фæныкъуылдта Нафи æмæ фæстæрдæм стыр æнгуылдзæй ацамыдта хохы цъуппырдæм. - А-а, æзынма цæй кой кæныс, - фæирд ис Сабазы цæсгом. Уый исдугмæ фæхъуси, стæй та загъта: - Иудзырдæй, нæ куыст кæронмæ фæхæццæ кæны. Регулятор ма йæм бафидар 105
кæндзыстæм, дыууæ шестеренкæйы дзы аивдзыстæм, æмæ уæд агрегат цæттæ у. Сабаз систа дынджыр дзæбуг, æрцавта дзы зыланггæнаг згъæр æмæ йæ зыланг айзæлыд æнцад хъæуы уынгты. Чи зоны, фехъуыстис сæм дзæбуджы цæфты зыланг, чи зоны, æнæуи сæ зæрды æрæфтыд сæ сыхæгты «басгарын», - цыдæриддæр у, уæдцæр хъазакъхъаг колхоз сфæнд кодта, хуымæллæггæгтæ уалдзæгмæ сæхи куыд бацагттæ кодтой, уый сбæрæг кæнын. Æмæ сæумæрайсом Хуымæллæджы бамидæг сты Терчыбылы колхозон станицæйы «ревизортæ». Кæрæдзийы колхозты хъæууонхæдзарадон техникæ уалдзыгонтауыны куыстытæм куыд цæгтæ сты, уый бæрæггæнæг къамисмæ æвзæрст æрцыдысты хынцфарстгæнаг адæймæгтæ: дыууæ хорз трактористы, агроном æмæ йæ æвдай азы иуцасдæр размæ кæй фæкъæдз кодтой, ахæм теркаг хъазахъхъаг Максимыч. Уый ныр колхозы нал кусы, пеггси йын радтой æмæ йæ фæллад уадзы. Фæлæ искæцы колхозимæ кæрæдзийы рæвдздзинад бæрæг кæныныл ныхас куы рауайы, уæд алы хатт дæр къамисмæ Максимычы равзарынц. Станицæйæгтæ куыд дзурынц, афтæмæй уый цæстытæ уынынц, канд уæлæнгай æвæрд чи ис, уыдæттæ нæ, фæлæ ма зæххыбын метрæй арфдæр æмбæхст цы ис, суанг уыдæттæ дæр. - Байрйат, байрйат, нæ зынаргъ сыхæгтæ! - мастерскоймæ бахизгæйæ, хъæлдзæгæй сдзырдта Максимыч. Уалынмæ фæкомкоммæ машинæмæ æмæ йæм æдзынæг ныккасти. Стæй хæстæт бацыд бæзæрхыг инженермæ æмæ загъта: - Уе сводкæйы амынд ис, цалцæггонд фестæм 100 процентæй, зæгъгæ, хъуыддагæй та... Нырма уæ тæккæ цалцæггæнгæйæ куы стут!.. — Уæ, дæ хъуыддаг раст æрбауа, - бахудтис æм колхозон инженер.- Уынаг дæ хонынц, фæлæ ацы хатт фæрæдыдтæ: махæн нæ машинæтæ иууылдæр раджы фесты цалцæггонд æмæ ныр иууылдæр рæвдзæй сты быдыры. - Æмæ уæдæ мæнæ ацы машинæ та цы у? - бафарста цымыдис Максимыч. - Уый дæр уын зæгъдзыстæм, кæд уæ фæнды, уæд, - йæ мидбылты бахудти иженер. 106
- Фæнды нæ, ай-гъай. Æмæ сын колхозы инженер ракодта ацы «диссаджы» машинæйы хабар. Уый дæр бынтон срæвдз кодта суперфосфатæй æмæ йæ раласта хæстæгдæр фæззыгæнды участокмæ. Агрегат скуыста, æмæ хъацæнтæ, пульверизаторау, фæйнæрдæм æппæрста шлангæй. Хъацæнтæ æмхуызон бæзджынæй хаудысты зайæгойты уидæгты раз. —Иттæг хорз, раппæлинаг хъу ыдцаг! — ацы машинæ хъацæнтæ фæйнæрдæм цæй уæрæхæн æппары, уый йæ санчъехтæй баргæйæ, дис кодта теркаг хъазахъхъаг Максимыч. - Иу зылдæн мæнæуы хуымтæй дыууын фондз гектарыл ныппырх кæны хъацæнтæ... Иттæг хорз, тынг, тынг хорз!.. - Бон изæрмæ та сæдæ гектарæй ноджы фылдæр, - фæбæлвырд æй кодта инженер. - Ацы машинæ тæры фондз тукон тауæн машинæйы кад. Стæй ма бахынцинаг у, цас кусæгкъухтæ рауæгъд кæндзæн æндæр куыстытæн, уый дæр! Гъе уый уын, мæ хæлæрттæ, нæ «диссаджы машинæйы» хабæрттæ. - Итгæг хорз машинæ у, - йæхи та нал баурæдта зæронд «ревизор». Максимыч хорз зыдта, Хуымæллæджы Сталины номыл колхозы арæзт кæй æрцыди техникон совет, кæй йæм равзæрстой колхозы курдиатджын рационализатортæ æмæ æрхъуыдыгæвджыты. Уый зоны ноджы, уыцы техникон советы сæргъы кæй ис колхозы фæлтæрдджын сæйраг инженер Цæлойты Сабаз. Теркаг хъазахъхъагæн ноджы зындгонд у уый дæр, æмæ Хуымæллæджы колхозы зæрдæргъæвд колхозонты руаджы сæ фосы фермæтæм дон æмæ холлæгтæ ласыны куыст кæй æрцыд механизацигонд; колхоз кæй сарæзта хæдкæлгæ донхæрæн канал æмæ сæм уый руаджы донæй æфсæст кæй цæуы æхсæзсæдæ гектары хуымгæнды зæххытæ. - Цы, уый зонут, нæ зынаргъ хуымæллæггæгтæ? - æваст æндæр хъæлæсы уагæй сдзырдта теркаг хъазахъхъаг Максимыч. - Сымах нæ нæ сæйраг хъуыдцагæй иуфарс ма сайут. Сымахмæ зондджын рационализатортæ бирæ ис, уый мах хорз зонæм. Дард уæм куы нæ цæрæм, миййаг. Сымахмæ уæхи схъомылгонд æрхъуыдыгæнджытæ дæр ис. 107
- О, ис нæм ахæмтæ дæр, - йæ сæр батылдта Сабаз. -Зонын æй, зонын. Æнхъæлдæн, иу колхозон уæм æрхъуыды кодта æмæ сарæзта гæнцъæлгæнæн машинæ дæр. Æмæ йын авторыл дæр йæхи банымадтой, нæ? - О, раст зæгъыс, - дзуапп ын радта инженер. - Зонæм æй, зонæм, - фæурæдта йæ Максимыч. - Фæлæ мах ардæм уый тыххæй не ’рбацыдыстæм, нæ хæлæрттæ. Фæлтау ма нын фенын кæнут, колхозы трактортæ, квадратондзыгуыргай тауæн машинæтæ æмæ иннæ техникæ цы уавæры сты, уый. Афтæ хуыздæр уыдзæн, гъе. - Табуафси! - æхгæд уæзласæн машинæйы кабинæйы дуар байгом кæнгæйæ, æнцад загъта колхозы инженер. Максимыч йæ тæнæг боцъо къухы æнгуылдзты уырзтæй даугæ ахъуыды кодта æмæ цæхгæр ныллæууыд кабинæйы сбадыны ныхмæ. Чысыл фæстæдæр сæ машинæ бахызти урсбарц Камбилеевкæйы доны сæрты, цæхгæрмæ ауади соса фæндагыл æмæ йæ ных сарæзта Царахаты Хадзыбатыры тракторон бригады быдырон станмæ. Урс чъырæйцагъд станы раз арæнхъ сты кусынæввонг цæттæ авд домбай «ДТ-54» тракторы, æхсæз тракторы «Беларусь», æртæ дывæргонд тауæн агрегаты, гутæттæ, культиватортæ. Æмæ утæппæт машинæтæ сты æрмæст иунæг ацы бригады техникæ. Фысымтæ æмæ уазджытæ æрлæууыдысты хъæууонхæдзара- дон куыстгæнæн техникæйы раз æмæ сæ алчи дæр йæхинымæф сæрыстырæй ахъуыды кодта. Уыцы машинæтæм кæсгæйæ, колхозон инженеры зæрдыл æрлæууыд, Октябры революцийы агъоммæ Ирыстоны зæхкусæг адæммæ хъæдын дзывыртæ, хъ- æдын похцитæ æмæ хуымæтæджы гутæттæ йеддæмæ кæй ницы уыд, уый. Ныртæккæ та нæ республикæйы быдырты кусы мин домбай тракторæй фылдæр, авд сæдæ комбайны, стæй æндæр вазыгджын хъæууон-хæдзарадон машинæтæ фондз мин-мæ æввахс. Æрмæст Хуымæллæджы Сталины номыл колхозмæ ис дыууын аст тракторы æмæ иу уыйбæрц та уæзласæн автома- шинæтæ. 108
- Гъе уый дын колхозон арæзтады индустрион бындур, — йæ къухæй тракторы радиатор даугæйæ, сæрыстырæй сдзырдта Максимыч. Стæй уæд лæмбынæг фæкаст машинæмæ: уымæн йæ æлпæт хæйттæ дæр уыдысты сæрдæнæй сæрст. - Уæд мæнæ ацы рæсугъд ифтонг машинæ та кæй у?- æваст афарста уын, трактор «ДТ-54» мæ амонгæйæ. Уыцы машинæ уыди фæлтæрдджын механизатор Æлборты Батырбеджы. Æнæ капиталон ремонтæй йыл бакуыста фондз сезоны. Ныр æм æнæууæнк «ревизор» Максимыч лæмбынæг кæстытæ кæны æмæ дисы бацыди, трактор уыцы дзыхъхъынноджы хуызæнæй кæй лæууы, ууыл. Къамис æркастысты æрыгон партхорыкуыстгæнæг Пхалæгаты Барисы трактормæ дæр. Барис фарон æрмæстдæр механизацион æгъдауæй бакуыста фæндзай гектары нартхор æмæ уыцы зæххæй нартхор згъæлдæй бафснайдта алы гектарæй дæр рæстæмбис нымадæй 70 центнеры. Ныр Барис дзырд радта, механизмтæй ацы сезоны кæй бакусдзæн сæдæ гектары зæхх æмæ дзы нартхор кæй æрзанын кæндзæн гектары сæдæ фæндзай центнеры. - Цæргæс лæппу! - раппæлыди зæронд хъазахъхъаг æрыгон трактористæй. Барисы тракторы фарсмæ иуварс къулгомау лæууыд æндæр трактор, уый дæр «ДТ-54». Уый уыди Батырадзы трактор. «А-Батырадз йæ трактормæ зилынмæ зивæг кæны», - ахъуыды кодта инженер, æдзæллагхуыз трактормæ фæкомкоммæ уæвгæйæ. - Иудзырдæй, Хуымæллæг, уæ трактортæ иууылдæр бынтон рæвдз сты, уæ трактористтæ та - æмхуызон сæрæнгуырдтæ, нæ? - хин худт бакодта Максимыч, Батырадзы трактормæ зулцæстæй бакæсгæйæ. Фембæрста йæ бригадир æмæ фидарæй загъта: - О, иууылдæр! Знон нæм «фæдисмæ» куы фæсидтаиккой, уæд ма нæм аипп ссардæуыдаид: Батыразы трактор йæ бынаты лæугæйæ баззадаид. Фæлæ ныр уый дæр рæвдз у. «Æвæццæгæн та авари сарæзта», — йæхинымæр загъта Сабаз æмæ та смæсты ис Батырадзмæ. 109
Размæ рацыд, æрыгон чи нал у, ахæм цыбырæлвыд рихиджын лæппулæг, йæ цæсгом амæстытæ. Ныккасти инженермæ. Фемдзаст сты. - Диссагæй ницы æрцыд, - йæхи раст кодта Батырадз. - Радиаторæй мæ дон рауадзын ферох ис, æмæ ныссалд... Ахæм дзуапп фехъусгæйæ, бынтон смæсты ис инженер. Ныронг ма нæ хорз механизаторты æхсæн цæмæн ис æнæмæт, æнæджелбетт, адæмы æууæнк чи ницæмæ дары, ахæм адæймаг? Æмæ йæм нал фæлæууыд: - Знон тракторыл дæ кайыстæм ацыдтæ, уæлибæхтæ хæрынмæ, абон та... - Ницы ацыдтæн мæ кайыстæм: æз хъæдмæ ацыдтæн сугмæ, - Батырадз абадти Сабазы хъуыры. - Дæхи бæрны ахæм домбай трактор уæд, æмæ ма искæмæй бæх кур хъæдмæ?.. Иууылдæр ныххудтысты уыцы ныхæстыл. Æрмæст инженер худыныл нæ уыди. - Батырадз, кæд ма дæ де ’мбæлттимæ кусын фæнды, уæд кус иннæтау æнувыдæй. Кæннод дæ трактор æндæр искæмæн лæвæрд æрцæудзæн, - карзæй йын загъта уый. 2 Ирыстоны ацы азы уалдзæг у иннæ азтæй æндæрхуызондæр: митджын, æваст фегуыргæ дымгæтæ, стæй та - хур, уазалтæ... Рæстæг та йæхионтæ кæны — иу ран нæ лæууы. Фæззыгæндтæм хъацæнтæ хæссыны афонимæ баиу сты æндæр куыстытæ дæр: анауыли похцийæ ласын, хуым кæнын, картоф садзын, уалдзыгæнд тауын... Уыцы куыстытæ се’ппæт дæр бакæнын хъæуы тынг цыбыр æмгъуыдтæм. Æппæт уыцы куыстыты тыххæй та дзуапп дæттæг сты механизатортæ, уалдзæг æрæгмæ кæй райдыдта, уый нæ нымайгæйæ. Ныр уыдон сысты зæххы æцæг хицæуттæ. Уæлдай бирæ мæт æмæ куыстытæ ис колхозы сæйраг инженерæн: алы ранмæ дæр хъæуы цæст фæдарын, алкæимæ дæр аныхас кæнын, куыст куыд рæвдздæр саразæн ис, уый тыххæй. Хъæуы æппæтуынаг хæдзардзин цæст, фидар, дæсны разамонæг. 110
Уыцы хъуыдытæ зилдух кодтой колхозы сæйраг инженер Цæлойты Сабазы сæры, скъолайы зæххы участокыл куы фæ- цæйцыдис, уæд. - Æрбацæуы, æрбацæуы! Инженер æрбацæуы! - схор-хор кодтой скъоладзаутæ, тракторы алфамбылай гæппытæгæнгæ. Сабаз бацыд тракторы цурмæ, бакæстытæ йæм кодта æмæ йæ сæр банкъуыста: - Гъе, уæууæй фæуат, лæппутæ! Ахæм ахсджиаг сахат та уæ трактор дзæгъæл лæуд куы кæны. - Зоныс, æмбал инженер, — цыдæр бызгъуырæй йæ къухтæ æнæвдæлон адæймаджы сæрфт кæнгæйæ, Сабазмæ зæрдиагхуы- зæй дзуры æвзонг механизатор, - теоретикон æгъдауæй цыма трактор алцæмæй дæр рæвдз у, афтæ нæм зыны, фæлæ прак- тикон æгъдауæй ныллæууыдис æмæ нал комы нæдæр разимæ, нæдæр фæстæмæ... - Трактор, мæ хуртæ, хуымæтæджы машинæ нæу, - сразы ис семæ Сабаз. - Уымæн йæ арæзт, йæ ахæцæнтæ хорз сахуыр кæнын хъæуы, уарзын æй хъæуы... Цæй-ма, лæппу, æрхæц-ма тракторы къухыл æмæ-ма йæ æрзил. Скъоладзау цырд февнæлдта инженеры ныхас æххæст кæнынмæ. Тракторы мотор æрæхснырсæгау кодта æмæ ныхъхъуси. - Ныр бæрæг у, трактор цы кодта, уый, - загъта Сабаз. - Нæй йын скусынгæнæн: плунжерон фæлыстгы хъандзал асасти. Æвзонг нартхорыкуыстгæнджытæ æрæнкъард сты, уæдæ ремонтгæнинаг фæци æмæ тагъд нал скусдзæн, зæгъгæ. - Тæрсгæ ма кæнут, - зæрдæ сын авæрдта Сабаз. - Ахæм чысыл сæстытæ ауæдзæй иуварс нæ рахизгæйæ ацаразæм мах. - Æмæ йæ брезент пинджачы дзыппæй систа цавæрдæр æндон цъæт, бавæрдта йæ, тракторы кæм хъуыд, уыцы ран, æмæ, йæ цæсгом фæрухс уæвгæйæ, загъта: - Цæттæ у! Хуым кæнут ныр. Мотор ныуулæфыд æмæ стыр-тыр кодта. Скъоладзаутæ сæ мидбылты бахудтысты. - Куыд тагъд æй ацарæзта! - ныддис кодтой иууылдæр. - Бузныг, æмбал инженер. Мах та æнхъæлдтам, æмæ нæ ды ферох кодтай. 111
- Ау? Уый та куыд! Сымахæн рохгæнæн ис? - бахудти Сабаз. - Сымах нæ рухс фидæн куы стут. Нæ æвидигæ ног фæлтæр, не ’нцой, нæ зæрдæдарæн... Сымах окъолайы хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæй уал нын ацы уалдзæг астæй трактористтæ куы сысты. Нырæй фæстæмæ нæ сомбоны механизаторон кадртæ сымах уыдзыстут. Бæлвырд у, фарон Хуымæллæджы Сталины номыл колхозонтæ тынг хорз бакуыстой. Фондз сæдæ гектары зæххæй нартхор згъæлдæй бафснайдтой алы гектарæй дæр рæстæмбис нымадæй 60 центнеры, ома пъланæй дыууæ хатты фылдæр. МТС-тæ реорганизацигонд куы æрцыдысты, уæд техникæйæ цæуы хуыздæр пайдагонд. Колхозы тракторты куысты æнтысындзинад фæци иу æмæ æрдæг хатгы фылдæр. Фæлæ уæддæр колхозы сæйраг инженер бынтон разы нæу се ’нтыстдзинæдтæй. Сæ хортæ æрзадысты хорз, фæлæ уæддæр нырма зынаргъ цæуы хоры центнер. Асламдæр цæмæй уаэ уымæн та амал ис: смеханизаци кæнын хъæуы нартхоры куыст хуым кæнынæй суанг тыллæг æфснайыны онг иууылдæр. Колхозы правлени æхсызгонæн сразы ис инженеры фæндоныл, иумæ сарæзтой нартхоры куысты технологион картæтæ, хъæууонхæдзарадон машинæтæй æххæстæй куыд спайдагæнæн ис, алы куыстыл дæр фыдæбон куыд къаддæр бакæнæн ис, у ыдæттæ бахынцгæйæ. Ацы уалдзæг ху ымæллæджы колхозы быдырты кусы дыууадæс комплексон механизацигонд звенойы. Уыдон бауынаффæ кодтой æнæ къухвæллойæ нартхоры хуымтæ 1200 гектары бакусын æмæ дзы алы гектарæй дæр рæстæмбис нымадæй 75 центнеры згъæлд нартхор бафснайын. Уыимæ нартхоры центнеры хиаргъ фæкæндзысты дыууæ хатты къаддæр, ома 11 сомы асламдæр. Уый у ныфсхаст адæймæгты фæнд. Фæлæ механизатортæ дзæгъæл ныхæстæгæнаг не сты: дзырд куы раттынц, уæд æй æххæст дæр скæнынц. Колхозы сæйраг инженер Цæлойты Сабаз, фаронæй уæлдай, ацы аз механизацигонд звенотæй сарæзта хицæн отрядтæ, бригæдгæ. Фестырдæргонд звенотæ, техникæйæ раст пайда кæнгæйæ, хорз бацæттæ кодтой хуымзæхх, байтыдтой, стæй 112
хортæ куы сцæттæ уой, уæд сæ бафснайдзысты, куыд ницы дзы фесæфа, афтæмæй. Механизатортæ анауыли похцийæ баластой иу бон æмæ æрдæгмæ. Алы бон дæр йæ нормæйæ иу æмæ æрдæг хатты фылдæр бакусы æрыгон тракторист Бестауты Сардионы тауæн агрегат. Æнтыстджынæй куыстгонд цæуы нартхоры хуымзæхх йæ байтауыны размæ. Трактористтæ кусынц æхсæвæй-бонæй, сæ нормæтæ æххæст кæнынц 1,5-2 хатты фылдæрæй, Æлбегаты Батырбег та - æртæ хатты фылдæрæй. Инженер йæ цæст дары трактористты ку ысты хъæдмæ. Кæсы арф æмæ раст ауæдзтæм æмæ дзы йæ зæрдæ рухс кæны. Фæлæ та ныллæгæлвыд рихиджын тракторист Батырадз маст бауагъта инженеры зæрдæйы: Батырадз хуым кодта холладжы нартхорæн, уыимæ тракторы гутæттæ ауагъта хæрз уæлæнгай: 13 сантиметры æрфæн, нормæ 30 сантиметры бæсты. - Халыс та хуымгæнды æгъдау?- нал æм фæлæууыд Сабаз. - Тæхудиаг дæ! Силосæн æй уымæй арфдæр цæмæн хъæуы? - йæ къух ауыгъта æнæджелбедт тракторист. - Хъæуы йæ, хъæуы. - Ницæмæн æй хъæуы. - Æз та дын афтæ зæгъын, æмæ йæ хъæуы, - мæсты кæны Сабаз. -Зоныс ды, æртæсæдæ гектары фæзуатæн нæ нартхоры цъæх холлаг æппынкъаддæр фæйнæ 500 центнеры æрæфснайын кæй хъæуы, уый? Фæлæ уæддæр нæ састис Батырадз, уайдзæф кодта инженерæн, ды агроном нæ дæ æмæ дæ хуымгæнды хъæдимæ ницы хъуыддаг ис, зæгъгæ. Инженер бамбæрста, Батырадзмæ ныхас кæй нæ бахъардзæн, уый, æмæ йын фæстагмæ загъта: - Батырадз, рахиз тракторæй æмæ мæм далæ уыцы агрегатæй рарвит прицепщик Иван Костенкины, дæхæдæг та уый бæсты прицепщикæй кус. - Мæ куыстæй мæ исыс, нæ?.. - О, акус уал, кæм дын зæгъын, уым. Дæ куысты хъæд æгæр æвзæр у. - Раст нæ кæныс, æз дыл бахъаст кæндзынæн, - смæсты ис Батырадз дæр. - Дæ размæ дæр нæм уыдис инженер — æфсæн- 113 8
вæндаджы кусæджы фуражкæджын лæг. Æмæ æвзæрдæр нæ куыста... Мæн дæр æвзæр кусæгыл нæ нымадта. Ныр мæ ды дæ ныхтæ ныссагътай. - Иннæтау хорз куы кусис, уæд дæм æз дæр ницы дзурин.. Йæ уынаффæ нал аивта инженер. Мæсты каст ма акодта Батырадзы фæдыл, стæй трактормæ схызти, сифтыгъта йæ æмæ араст, йæ фæдыл арф ауæдз уадзгæйæ. Хуым кæны колхозон инженер. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ ивгъуыд азтæ. Фондз æмæ ссæдз азы размæ уый гъе ацы быдыры акодта фыццаг ауæдз. Чысыл фæстæдæр ацыди Харьковы тракторон заводмæ уыны кусджыты фæлтæрддзинадыл йæхи сахуыр кæнынмæ. Уый фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Георгиевскы техникон скъоламæ. Уалынмæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Сабаз ацыд Райгуырæн бæстæ гитлеронтæй бахъахъхъæнынмæ. Фашистон лæбурджыты ныхмæ карз тохты бахæццæ суанг Берлинмæ. Хæсты фæстæ æрбаздæхтис йæ райгуырæн хъæумæ. Ногæй та куыст, куыст... Нæ, Сабаз у æцæг колхозон инженер, колхозон зæххы хицау. Æмæ йæ Хуымæллæджы колхозонтæ афтæ тынг хуымæтæджы нæ уарзынц... - Æмбал инженер, æз æрбацыдтæн. Дзырдтай мæм? - тракторы размæ бацæугæйæ, Сабазмæ сдзырдта цъæхдзаст хæрзконд лæппу Иван Костенкин. Сабаз æм йæ мидбылты бахудт æмæ йын загъта: - Колхоз дын дæ бар кæны мæнæ ацы трактор. Сбад æмæ йыл райдай кусын. Кус ыл, куыд гæнæн ис, афтæ хорз. Уарз æй. Дæ цæст æм хорз дар. —<©$©>— 114
Александр Греков ПАРТИЗАН БОТЪОТЫ АМЫРХАН 1. Сабыр фæрссаг уынг Стыр цæугæдонæн йæ фæрссаг къабæзтæ куыд сабыр вæййынц, ахæм сабыр фæрссаг уынгтæ ис Мæскуыйы горæты дæр. Егъау горæты æнæбанцайгæ уынæр нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны, чысыл дарддæр цы стыр уынгтæ ис, уым æхсæвæй-бонæй кæй згъорынц сæдæгай машинæтæ, æхсæвæй- бонæй дзы цæджджинагау кæй фыцы цард. Иу ахæм фæрссаг уынджы ис бирæуæладзыгон ног хæдзар. Ис дзы дæсгай фатертæ æмæ алы фатеры дæр цæрынц хуымæтæг, фæлæ æхсæнадæн ахсджиаг чи у, ахæм адæмтæ. Уьщонæн сæ хъысмæттæ сты алыхуызон. Æз æрлæууыдтæн уыцы фатертæй иуы дуармæ æмæ йыл бакастæн: «Михаил Давидович Ботоев». Дуар бахостон æмæ мæ размæ рацыд иу ацæргæ нæлгоймаг. - Æз Ботъоты Амырханы агурын. - Мидæмæ. Ботъоты Амырхан æз дæн, - йæ мидбылты бахудгæйæ, сдзырдта нæлгоймаг. Бацыдыстæм уатмæ. Къултæ æмæхгæд уыдысты чингуыты тæрхæджытæй. - Гъы, дзургæ кæн, куыд у нæ Ирыстон, цы ис ногæй нæ республикæйы? - фæрсынтæ мæ райдыдта Амырхан. Æз дзурын, мæхæдæг къултæм ракæс-бакæс кæнын, кæд дзы, зæгъын, фенин, мæ размæ цы ацæргæ дæг бады, цæсткæсæнты æмæ уæрæх халаты мидæг, уый ивгъуыд цард æмæ архайды тыххæй мын чи радзура, ахæм хæцæнгæрзтæ, кæнæ хуызистытæ... Ботъоты Амырхан у мидхæсты зынгæ архайæг, Ирыстоны партизанты разамонджытæй иу... Фæлæ алы ран дæр цæст ацахсы æрмæст чингуытæ, чингуытæ, чингуытæ... Фыссæн стъолмæ æркастæн æмæ йыл ауыдтон скъоладзауы тæнæг тетрад. Бæрæг уыди, ныртæккæ дæр ма дзы чидæр цыдæртæ кæй фыста, уый, уымæн æмæ фыстæгæн йæ чернила æххæстæй нæма бахус. 115
— Кусгæ кодтай? Æвæццæгæн дæ бахъыгдардтон. Ботъойы-фырт æфсæрмхуызæй тетрад йæ къухæй амбæхста æмæ сдзырдта: - Цыдæртæ фыстон Цæгат-Ирыстоны наукон-иртасæг институты курдиатмæ гæсгæ. - Наукон куыст? - Мæнæй та цæй наукон кусæг ис? Æз инженер-химик дæн, ныр та, уæлдайдæр, пенсийы рацыдтæн... Мæ мысинæгтæй цыдæртæ фыссыныл архайын. Кæд нæ историктæн кæнæ нæ фысджытæн исты пайдайаг фæуиккой. Æз райстон тетрад æмæ йæ кæсын байдыдтон. Мæ цæстытыл уайын байдыдтой, Советон хицаудзинад Цæгат Ирыстоны куы æрфидар, уымæн йæ фыццаг бонтæ. Тетрады алы сыф дæр мын æргом кодта фидар, æнæфæцудгæ коммунист æмæ хъæбатыр хæстоны диссаджы цард... 2. Инæлар Колюбакины рæдыд ...1908азыТерчыоблæстыхицауинæларКолюбакинйæдæлбар бæстæйыл зилгæйæ, сфæнд кодта Æрьщоны дыууæкъласон дины скъола бабæрæг кæнын. Уый ахуыргæнинæгтæн сарæзта экзаменгонд. Йæхæдæг сын лæвæрдта фарстытæ æмæ сын аргъ дæр кодта йæхæдæг. Скъоладзау Ботъоты Амырхан ын йæ фæрстытæн радта иттæг хорз дзуаппытæ. - Хорз! Лæппу, дæуæй не стыр паддзахæн хорз лæггадгæнæг рауайдзæн, - раппæлыд дзы инæлар. Инæлар раппæлыд ахуыргæнинаг Рæмонаты Хадзымæтæй дæр. Уый йын рæвдз дзуаппытæ лæвæрдта географийы урокæй. Инæлар та ног загъта, ацы дыууæ лæппуйæ рауайдзæн паддзахы хорз чиновниктæ, зæгъгæ. Фæлæ фæрæдыдис инæлар. Рæмонаты Хадзымæтæй рауадис Ирыстоны революцион змæлды зынгæ архайæг, Ботъоты Амырханæй та партизанты змæлды разамонæг... Амырхан бахауд Æрыдоны скъоламæ. Ахуыр кодта Хадзымæтимæ. Каст æй фесты иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ æмæ сфæнд кодтой Дзæуджыхъæуы епархиалон скъоламæ 116
бацæуын. Фæлæ сæ дыууæ дæр экзаментæ кæд хорз радтой, уæдцæр сæ скъоламæ нæ райстой. Уыцы скъолайы дуæрттæ гом уыдысты æрмæст хъæздыг цæрæг адæмæн. Гæнæн нал уыд æмæ Амырхан кусынмæ ацыд Бакумæ нефтцъирæнтæм. Ацы ран фыццаг хатт базонгæ политикон куыстимæ. Цæуын байдыдта социалистон кружокты æмбырдтæм, архайдта стачкæты æмæ кусджыты сыстадты. 1912 азы июлы мæй Амырхан сси УСДКП-йы уæнг. Райдыдта империалистон хæст. Амырханы æфсадмæ акодтой, кæд уыцы тугкалæн хæсты ныхмæ уыди, уæддæр. Службæ кодта ирон бæхджын полчъы, партизанты сæдæйы. Амырхан уыди хъæбатыр хæстоныл нымад, фæлæ сæ афицертæй бирæтæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди, Георгийы кавалеры бант чи хæссы, уыцы Ботъойы-фырт канд арæхстджын хæстон кæй нæу, фæлæ ма кæй у фæлтæрдцжын болыневикон агитатор дæр. Уыцы хъуыддаг се ’ппæт дæр базыдтой æрмæст февралы революцийы фæстæ. Салдæттæ Амырханы æмхъæлæсæй равзæрстой сæ полчъы комитеты уæнгæй. Инæлар Корнилов йе ’фсадимæ куы сбунт кодта, уæд Ботъойы-фырт дæр уыдис, Туземон кæй хуыдтой æмæ знаджы дивизи Бетьырбухмæ чи нæ бауагъта, уыцы болыыевикон агитатортимæ. 3. Ног та Кавказы Парти Ботъоты Амырханы рарвыста Цæгат Кавказмæ. Ацы ран Амырхан йæхи бабаста Дзæуджыхъæуы болыневикон комитеты раздзæуджытæ Ной Буачидзе æмæ Мамсыраты Саханджериимæ æмæ политикон куыст кодта хæстон хæйтты æхсæн. Уый фæстæ Амырханы арвыстой Дыгургоммæ. Уым рæзын байдыдтой керменистты хæстон къордтæ. Ботъойы-фырт æвæрд æрцыд, Тауаситы Сослæнбег разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы отрядæн йе штабы хицауæй. Тауаситы Сослæнбег уый фæстæ сси зындгонд скульптор. Уæды рæстæджы Советон хицаудзинад бынтон кæм æрфидар, ахæм бынæттæ Цæгат Кавказы бирæ нæма уыдис. Тауаситы 117
Сослæнбеджы отряд баст нæ уыд Дзæуджыхъæуимæ. Отряд дыууæ дихы фæкодтой æмæ сæ иу хайэ Тауаситы Сослæнбеджы разамындæй ацыдис Пятигорскмæ, йæ фæндагыл урсгвардионты дæрæн кæнгæйæ, иннæ хай та Ботъойы фыртимæ баззад Дыгургомы. Уыцы къорды алфамбылай æрбамбырд кæнын хъуыдис, контрреволюцийæн аккаг ныхкъуырд чи радтаид, ахæм æфсад. Фæлæ куыд æгъдауæй? Адæм уыдысты бæгънæг, бæгъæввад, фаг нæ уыди хæцæнгæрзтæ, нæ фаг кодта хойраг. Уымæ гæсгæ адæм фылдæр рæстæг æрвыстой сæ хæдзæртты. Уый хæстон къорд уыди? Цыфæнды амæлттæй дæр ссарын хъуыди æхца, отряд хæстæввонг срæвдз кæныны тыххæй. Ботъоты А. йæхæдæг сфæнд кодта Дзæуджыхъæумæ бацæуын, кæд исты мадзалæй мæ къухы æхца бафтид, зæгъгæ. ...Терчы республикæйы финансты адæмон комиссар Андреевы кабинетмæ бацыд иу хæххон лæг, йæ уæлæ дæрдджын нымæт æмæ хъуынджын худ, афтæмæй. - Æхца нæ хъæуы, нæ хæстон отряд сæфты къахыл ныллæууыд... - тыхулæфт кæнгæ, сдзырдта уый. Адæмон комиссармæ æвæццæгæн ахæм курдиаттимæ иу хатт æмæ дыууæ хатты не’рбацыдысты. Андреев уайтагъд дзырд радта, цæмæй Дыгургомы партизанты æрвыст лæгæн лæвæрд æрцæуа... иу голладжы дзаг æхца. О, о, æнæхъæн голлаг. - Бæлвырд æй нæ зонын, æхца дзы цас уыди, уый, - дзырдта Ботъойы-фырт, - фæлæ иу-цалдæр милуаны уыдаиккой. Гъе, уыцы æхцатимæ æз æрбаздæхтæн нæ къордмæ. Цæголты Георгийы цинæн кæрон нал уыд. 4. Фыццаг хатт хæсты быдыры Отряд йæхи цæттæ кодта фыццаг стыр хæстмæ... Кæсæгæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй кънйаз Серебряков сфæнд кодта Урух æмæ Цыкола байсын, цæмæй Дыгургомы партизантæн комæй рацæуæя мауал уа, уый тыххæй. Фæлæ цæмæй сæрыстыр кънйазæе йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадой, уый тыххæй партизанты отряд сфæнд кодта йæ разæй фæуын. 118
Отрядæн разамынд лæвæрдта Ботъоты Амырхан, комиссар та йын уыди Цæголты Георги. Отряд æнæ иу гæрахæй бацахста Каголкинойы хъæу. Хъæуы нæлгоймæгтæй хæстон хæцæнгарз райсынхъом чи уыди, уыдон баиу сты партизантимæ. Партизантæ фыццаг хатт Серебряковы бандæимæ фембæлдысты Хату-Анзоровойы районы. Партизантæ уайтагъд атакæйы бацыдысты, фæлæ сыл урсытæ пулеметтæ æмæ сармадзантæй куы ралæууыдысты, уæд хорзау нал фесты. Уæлдæр куыд дзырдтам, афтæмæй партизантæн сæ фылдæр хай хæсты быдыры æрлæууыд фыццаг хатт, хæстон хъуыддагыл ахуыр нæ уыдысты, хæцæнгарз сæм фат нæ уыди æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм æнахуыр уавæрты бахаугæйæ, сæхи фæстæмæ райстой. Ботъойы-фырт æмæ Цæголы-фыртæн сæ къухы бафтыд, фæстæмæ чи лыгъд, уыцы партизанты раздахын æмæ æгъдау йæ бынаты æрæвæрын. Уый фæстæ партизантæ æдæрсгæ размæ бырстой, контратакæйы бацыдысты. Уыцы атакæйы рæстæг уæлдай хъæбатырæй йæхи равдыста чырыстонхъæуккаг, куырды куыстгæнæг Цæголты Дзалату. Уый йæхи арæзт æхсæргардимæ балæбурдта знæгты астæумæ æмæ сæ фæйнæрдæм цæгъдын байдыдта. Уыцы бон урсгвардиантæй бирæтæ бацыд мæрдтæм Цæголы-фырты къухæй, фæлæ... Йæхæдæг дæр мард фæци хъæ- батыр тохы. Серебряковы отрядæй ма чи аззади, уыдон лидзæг фесты. Партизантæ сæ фæсте сырдтой суанг Налцыччы онг. 5. Деникин æрбабырсы Серго Орджоникидзе дзырд радта, цæмæй Ирыстоны партизанты хицæн отрядтæй арæзт æрцæуа иу егъау отряд. Отряды разамонæгæй æвзæрст æрцыд Тауаситы Сослæнбег, йæ фыццаг хæдивæгæй та Ботъоты Амырхан. Уыцы рæстæг Деникины æфсæдтæ бырстой Цæгат Кавказмæ. Иуæндæсæймаг Сырх Æфсад уæззау хæстытимæ фæстæмæ цыди Астраханмæ, йæ иу хай та Дзæуджыхъæумæ. Сырхæфсæддонтæй хæсты быдыры цас марди, иу уый бæрцта 119
дзы цагъды кодта тифæй. Знаг æрбацæйхæццæ кодта Грознамæ, Налцыкмæ, Дзæуджыхъæумæ. Орджоникидзейы бардзырдмæ гæсгæ Тауаситы С. йæ отря- димæ рацыд знаджы ныхмæ, Ботъоты А. та дыууæфондзыссæдз адæймагимæ баззад Дзæуджыхъæуы. Уьщон сгарæн куыст код- той горæты алфамбылай. Сослæнбеджы отряд нæ бафæрæзта йæхицæй бирæ фылдæр æмæ хæстæввонгдæр арæзт знаджы бауромын æмæ фæстæмæ рацыд, фыццаг Чырыстонхъæумæ, уый фæстæ та Дзæуджыхъæумæ. Афтæмæй инæлар Шкуро æрбахæццæ Дзæуджыхъæуы размæ. Ацы ран стыхджын хæст. Дзæуджыхъæу хъахъхъæдтой, канд сырхæфсæддонтæ нæ, фæлæ горæты цæрджытæ, Курскы слабодкæйы æмæ хæстæг хъæуты цæрджытæ дæр. Горæт хъахъхъæныны рæстæг ирон æмæ уырыссаг адæмæн æфсымæрон æххуыс бакодтой мæхъхъæл дæр. Иуæндæс боны дæргъы нæ банцад ту гкалæн хæст. Амырханы разамындæй чи тох кодта, уыцы хæстонтæй ферох хуыссæг дæр æмæ фæлладуадзын дæр. Фæлæ дзырд рацыд: отряд хæхтæм йæхи айсæд, лæгъгæ. Сырхæфсæддон хæйттæ Арвыкомыл ацыдысты Гуырдзыйы ’рдæм. Ботъойы-фырт æмæ йе ’мбæлтты нæ фæндыд Гуырдзыйы меньшевиктæм уацары бахауын. Цæголты Г, Хъалæгаты М., Созаты Т., Тогъойты Д., Дыгурты К. æмæ Хъесаты В.-имæ Амырхан сфæнд кодта исты амæлттæй Дыгургоммæ баирвæзын æмæ, æртæ боны дæргъы хъæбатыр хæсты архайгæйæ, Чырыстонхъæуæй знаджы чи ратардта, уыйы партизантимæ баиу уæвын. Фæлæ коммæ баирвæзын сæ къухы нæ бафтыд. Санибайы сæ размæ фесты хъазахъхъæгтæ егъау къордæй. Баззади ма сын æрмæст иу фæндаг - Гуырдзыстонмæ. 6. Зын фæндаг Уæдæй нырмæ рацыд бирæ азтæ, фæлæ ма Ботъойы-фырты цæстытыл куы ауайынц уыцы фыдбонтæ, уæд йæ буар нырризы. Цйл æмæ цал хъæбатыр хæстоны æмæ коммунисты ссардта мæлæт уыцы фæндагыл. 120
Бахæццæ сты «Арæнмæ». Будкæйæ рацыд меныыевикты афицер æмæ йæ къухæй ацамыдта, фæстæмæ аздæхут, ауылты уын фæндаг нæй, зæгъгæ. Уæд размæ рацыдысты гуырдзиаг сырхæфсæддонтæ æмæ сæхи æвзагыл дзурын байдыдтой меныпевиктимæ, фæлæ уыдон нæ састысты. Амырхан йæ дыууæ къухæй йæ сæрыл ныххæцыд, афтæмæй дурыл бадти. Йæ цæстытыл уадысты, Дыгургомы чи баззад, у ыцы æмбæлттæ. Уыдон æцæг хъæбатыр гуырдтæ сты, гъе! Уыдон уым сæ туджы фæстаг æртахы онг знагимæ тох кæнынц, ды та ацы ран бад æмæ æнхъæлмæ кæс: Жордания дын Гуырдзымæ бацæуынæн бар ратдзæн, æви нæ. Уалынмæ бæстæ гæрах сси. Амырхан фæгæпп кодта, фæлæбурдта йæ хæцæнгарзмæ. Уый, цымæ, меныыевикты ныхмæ схæцыдаиккой? Диссаджы хорз хъуыддаг! Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй æхстой уæлдæфмæ. Меньшевиктæ барæй афтæ бауынаффæ кодтой, цыма, дам, не ’хсæн хæст рауади æмæ нæ уыдон «уацары» райстой. Кæннод сæм англисæгтæй карз бардзырд лæвæрд уыдис, иунæг болыиевик дæр арæныл куыд нæ бауадзат, афтæ, зæгъгæ. Амырхан фыр мæстæй йæ топп дурыл ныццавта, æмæ дыууæ дихы фæци, йæ хæлдцзæгтæ та былæй атахтысты. О, зын уыди сæ балц. Гъе, уымæ гæсгæ, æвæццæгæн, сæ зæрдыл уæлдай тынгдæр бадардтой, Гуырдзыйы хуымæтæг зæхкусæг адæм æмæ сыл горæтты цæрджытæ куыд аудыдысты, уый. Бæгънæг, æххормаг сырхæфсæддонты-иу хъæуы кæнæ горæты уынгты куы фæцæйкодтой, уæд-иу сын цæрджытæ аивæй, хъалагъуртæ сæ куыд нæ феной, афтæмæй, сæ къухты фæсагътой дзулы къæбæр кæнæ та цыхт. Мцхетайы цæрджытæ Амырхан æмæ иу-цалдæр сырхæфсæддонæн баххуыс кодтой сæхи фæаууон кæнынæн æмæ сæ рæстæгмæ горæты бамбæхстой. Уый фæстæ «æнæуи цæрджыты» хуызы уыдон ацыдысты Тифлисмæ. Афтæмæй Ботъоты Амырхан æмæ йæ иннæ æмбæлттæ фервæзтысты меньшевикты фыдмитæй æмæ хъизæмæртты мæлæтæй. 121
7. Ног та тохмæ Тифлисы уынгты хæринаг æмæ сæрфæцæвæн бынат агургæйæ, Амырхан æмбæлди куы йæ иу, куы та йæ иннæ æмбалыл. Се ’ппæтмæ дæр уыди иу бæллиц - тагъддæр Цæгат Кавказмæ бафтын æмæ уым деникинонты ныхмæ тох кæнын. Ботъойы-фыртæн уæлдай тынгдæр зæрдæтæ бавæрдта Бетал Калмыков. Кæд Бетал йæхæдæг дæр хъуагдзинæдтæ æййæфта, уæддæр йæ ирон хæлары суазæг кодта цæхх æмæ кæрдзынæй, ноджы ма йын иучысыл æхца дæр авæрдта. Амырхан сфæнд кодта Бакумæ фæцæуын, кæд, миййаг, промыслæты революцион куыст кæимæ кодта, уыцы хæлæрттæй искæуыл фембæлин, зæгъгæ. Фæлæ йæ цыд дзæгъæлы фæци: парторганизаци сусæгкуыст кодта æмæ йæ фыццаджы бынæтты агургæйæ, чысыл ма бхъæуа, муссаватистты контрразведкæйы къухтæм ма бахауа. Тифлисмæ фæстæмæ æрбаздæхгæйæ, Амырхан базыдта, Цæгат Кавказы партизантæн баххуыс кæныны тыххæй Кутаисы æмбырдгонд кæй цæуы иу отряд, æмæ æвæстиатæй ацыд уырдæм. Уым фембæлдис Дыгургомы партизантæй бирæтыл. Сæ цинæн ма кæрон кæм уыдис... Цалдæр боны фæстæ отряд Хъæрæугомы æфцæгыл араст ис Цæгат Ирыстонмæ. Сæ фæндаг цыди цъититыл æмæ карды комы фæтæнæн къахвæндæгтыл. 8. Хусфæрак Афтæ хуыйны, партизантæ-иу Дыгургомы тар хъæды кæм æмбырд кодтой, уыцы бынат. Æмæ ардæм æрбацыдысты Амырхан æмæ йæ æмбæлттæ. Къудзиты фæстæйæ тызмæг хъæлæс куы айхъуыстой «æрлæуут!», зæгъгæ, уæд сæ риутæ цинæй айдзаг сты, уæдæ ма Ирыстоны партизантæ ис, зæгъгæ. Партизантæй иу-цалдæр æрдузмæ куы рахызт топпæргъæвдæй, уæд сæ Амырхан йæ хъæбысы куыд нæ ныккодта æмхуызонæй... Хъæды партизантæ уыди хæрз чысыл - æдæппæт 25-30 адæймаджы. Разамынд сын лæвæрдта Æбийы-фырт. Гуырдзыйæ 122
чи æрбацыд, уыдоныл тынг бацин кодтой, цыма сыл æнæхъæн полкъ бафтыд, уыйау. Бахъуыди та ног партизанон отряд саразын... Фæлæ сæм фаг нæ уыд нæ хæцæнгарз, нæ хæстон дзаума, нæ хæринаг... адæм дæр дзы уыдис хæрз чысыл. Знаджы отрядыл-иу куы фембæлдысты, уæд-иу исты фæливæн митæ акодтой, цæмæй сын бирæ уæвын æнхъæл уой, уый тыххæй. Иуæй-иу хатт-иу сæ къухы бафтыд знаджы фæсайын. Иуахæмы та фембæлдысты булкъон Бигъайы- фырты отрядимæ. Урсгвардионтæ уыдысты хæрзифтонг, сæ нымæц уыди партизантæй æртæ хатты фылдæр, фæлæ фæстæмæ здæхæн куынæуал уыд, уæд Богъойы-фырт хъæрæй къаманды радта: «Иу пулемет тулгæут рахизырдæм, иннæ та - галиуырдæм! Афтæмæй æртыхсут урсыты алфамбылай!». Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ, Бигъайы-фырты отряд лидзæг фæцис, цалынмæ партизантæ æцæг йæ алфамбылай не’ртыхстысты, уæдмæ. Партизантæм та пулеметтæ нæ, фæлæ ма топпытæ дæр фаг нæ уыдис. Куыдфæстæмæ партизантæ тыхджынæй-тыхджындæр кодтой. Ныр сæ отряды у ыдис 250 адæймаджы. Хъæдгæройнæгтæ сæхæдæг уыдысты фондзыссæдзы. Уымæй уæлдай ма Уæлладжыры комы архайдта партизанты егъау отряд. Ныр бахъуыдис партизантæн иу сæйраг центр саразын. Уый тыххæй Чырыстонхъæуы, урсгвардионты тæккæ фындзы бынмæ арæзт æрцыди партизанты съезд. Уым æвзæрст æрцыдысты ревком æмæ партизанты разамынд. Ботъойы-фырт æвзæрст æрцыд ревкомы уæнгæй æмæ доны фалейы партизантæн разамонæгæй. Æппæт партизантæн та сæйраг разамонæгæй равзæрстой Барахъты Гинойы. 9. Стыр рæдыд Кæм хъуамæ æрбынат кæна Ревком? Съезды куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй ревком хъуамæ уыдаид Алагиры. Уыцы рæстæг Алагиры уыди урсгвардионты батальон, фæлæ ревкомы уæнгтæ сæ зæрдæ дардтой, партизантæ сæ кæй фæсурдзысты, ууыл. 123
Уæлдай ныфсджындæр та фесты, Сырх Æфсад Цæгат Кавказ- мæ æрбацæуы, зæгъгæ, куы фехъуыстой, уæд. Куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй цалдæр отрядæй уыцыиу бырст хъуамæ нык- кодтаиккой Алагирмæ. Уыцы отрядтæй иуæн разамынд лæвæрд- та Ботъоты Амырхан. Æмбисæхсæвтæ у ыдаид, афтæ Амырханы отряд æмæ ревкомы уæнгтæ бахъуызыдысты Алагиры хъæугæронмæ. Амырхан йæ сахатмæ æркæс-æркæс кодта. Цымæ цæмæн афтæ æрæгмæ зыны Уæлладжыры комы партизанты æрвыст лæг? Уый размæ куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй Уæлладжыры партизантæ Алагиры хъуамæ уыдаиккой æмбисæхсæв 12 сахатыл. Фæлæ бастдзинады лæг никæцæй зыны. Бæстæ ныссабыр. Хъæу æрфынæй. Отряды адæм бæхтæй æрхызтысты æмæ æнхъæлмæ кæсынц бардзырдмæ. Уаздмæ бон дæр цъæхтæ кæнын байдыдта. Ревкомы уæнгтæ æрбамбырд сты æмæ уынаффæ кæнын байдыдтой. — Мах ацы тыхтимæ урсытыл нæ фæуæлахиз уыдзыстæм, — загъта Амырхан. Фæлæ сæ фылдæр загьтой: цалынмæ фынæй кæнынц, уæдмæ сæм æнæнхъæлæджы бабырсæм. Æмæ ууыл сæ уынаффæ ахицæн. Партизантæ хъæргæнгæ æмæ гæрæхтæгæнгæ хъæумæ фæцагайдтой. Урсгвардионтæ афтид мидæггаг дзауматы уынгмæ згъордтой æмæиу сæ къухтæ сдардтой, сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæргæйæ. Фæлæ Хъороты хæдзары цы афицертæ уыдис, уыдон сæхи нæ лæвæрдтой - рудзгуытæй æддæмæ гæрах кодтой. Бон æрбарухс, фæлæ агъуыст партизанты къухы нæма бафтыд. Уый нæ, фæлæ сахат раздæр йæ къухтæ чи сдардта, уыцы урсгвардионтæ куыддæр амæлттæй сæ хæцæнгæрзтæм баирвæзтысты æмæ хæдзæртты сæртæй æмæ цартæй æхсын райдыдтой. Партизантæ — уынджы, сæхи кæм фæаууон кæной, уый дæр нæ у ыд, нæмгуытæ сыл ихуарæгау кодтой æмæ сын кæд цыфæнды зын уыди, уæддæр сæ фæстæмæ здæхын бахъуыд. Ботъойы- 124
фырт дзырд радта, уæхи хъахъхъæнгæйæ хъæугæронмæ уæхи айсут, зæгъгæ. Хъæугæронмæ куы рацыдысты, уæд Амырханмæ æрбацыд дыууæ барæджы æмæ йын загътой, Уæлладжыры партизанты отряд цæттæ у дæ дзырд æххæст кæнынмæ, зæгъгæ. Амырханæн фырмæстæй йæ дæндæгты къæс-къæс ссыди, фæлæ дзургæ ницы скодта. Куыд рабæрæг, афтæмæй партизантæ изæрæй сæ хæдзæрттæм ацыдысты æмæ сæ цалынмæ сæ разамонæг иугай æмбырд кодта, уæдмæ байрæджы кодтой. Уыцы стыр рæдыды фæстæ партизанты разамонджытæ сæ хъус уæлдай тынгдæр дарын байдыдтой, нуæй-иу хатт «партизанщинæ» кæй фæхонынц, уыцы уæнгуагъддзинадмæ. Ахæм хъуыдцаг та æцæг партизантæм бар ницы дары. 10. Тырыса Дзæуджыхъæуы сæрмæ 1920 азы мартъийы мæй Ирон партизантæ тох кодтой стыр активонæй. Уыдонимæ баиу ис Хуссар Ирыстоны бригад дæр, Гуырдзыйы меныиевиктæ Хуссар Ирыстоны адæмон сыстадыл куы фæуæлахил сты, уæд. Уыдон иумæ ныббырстой Алагирмæ æмæ фæсырдтой урсгвардионты батальон. Уырдыгæй Æрыдоныл рацыдысты Дзæуджыхъæумæ. Фæлæ Æрыдоны фембдалдысты, Дзæуджыхъæуæйчиралыгъд,уыцыинæларБековичЧеркасскийы дивизийыл. Урсытæ пулеметтæй æхсын куы райдыдтой, уæд партизантæ æмхуызонæй атакæй бацыдысты æмæ сын сæ уæрдæттæ æд хæцæнгæрзтæ æмæ хойрагимæ байстой. Урсытæ фæтарстысты æмæ фæстæмæ Дзæуджыхъæуырдæм лидзæг фесты. Уæдмæ Æрыдонмæ æрхæццæ, Санахъоты Матвейы разамындæй чи архайдта, Хуссар Иры уыцы партизанты отряд дæр. Уыцы ран сфæнд кодтой, цæмæй фистæг æфсад ацæуа æмæ райса Беслæныхъæу æмæ Беслæны станцæ, бæхджын къорд та Ботъойы-фырты разамындæй цæуа Дзæуджыхъæумæ. 24 мартъийы райсомæй раджы Дзæуджыхъæуæй нæ размæ рацыдысты горæты цæрджытæ, сæ сæргъы фыссæг Гатуты 125
Алыксандр, афтæмæй. Уыдонимæ иумæ бацыдыстæм горæтмæ. Уыцы бон Дзæуджыхъæумæ æрбацыд Гикалойы отряд дæр, йæ сæргъы Мордовцев. Уыцы бон ма ноджы Дзæуджыхъæумæ æрбацыд Арцхановы мæхъхъæлон отряд. Урсгвардионтæй ма горæты цы хæйтгæ уыдис, уыдон æнæ гæрахæй сæхи айстой Арвы-комыл. Дзæуджыхъæумæ Сырх Æфсады хæйттæ куы æрбацыдысты, уæд Цæгат Ирыстоны æрфидар Советон хицауад. Уый уыдис 1920 азы азы 31 мартъийы. 11. Æдзухдæр тохгæнджыты рæнхъыты Фæцис граждайнаг хæст. Ботъоты Амырхан дæр йæ хæстон æмбæлтты хуызæн райдыдга ахуыр кæнын. Уый каст фæцис Сталины номыл промакадеми, Менделеевы номыл химикон- технологион инстшут æмæ кусын байдыдта инженер-химикæй. Уыдис егъау куыстуæтты сæргълæууæг. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Амырхан куыста Мæскуыйы Краснопресненскы лакты æмæ ахорæнты заводы директорæй. Знаг-иу бомбæтæ йæ тæккæ згъалгæйæ куы уыди, уæд- иу директор Ботъойы-фырт та уыцы æнцадæй уæлдæфæй хахъхъæнæг звенотæн разамынд лæвæрдта. Цыма дзы нæртон лæгау кард æмæ нæмыг нæ хызтысты, уыйау дардта йæхи. Кусджытæ иу дисы бацыдысты: цымæ нæ хицау йæ цардæй схъыг ис æви йæхи цæуылнæ хъахъхъæны? Кусджытæй бирæтæ нæ зыдтой сæ уарзон разамонæджы ивгъуыд царды истори. Уыцы бонты Ботъоты фатер фылдæр рæстæг уыдис æхгæд: Амырханæн нæ фырт хæсты быдыры тох кодта фашистон æрдонгты ныхмæ, йæ ус, Елизаветæ Александровнæ, æххæст кодта дохтыры кадджын хæс - зылди цæфтæм, хæдзары хицау йæхæдæг та æхсæвæй-бонæй нæ цыд заводæй. Стæм хатт-иу куы фембæлдысты Амырхан æмæ йæ бинойнаг сæ фатеры, уæддæр иу сæ зæрдæтæ нæ барухс сты. Иуахæмы сæм æрбайхъуыст сау хабар - немыцаг-фашистон лæбурджыты ныхмæ хъæбатыр тох кæнгæйæ фæмард сæ уарзон хъæбул, сæ иунæг фырт... 126
* * * Мæ разы бады урссæр, фæлæ нырма бирæ хъару кæмæ ис, ахæм ацæргæ нæлгоймаг. Мæнырдæм æрбакаст, йæ цæстытæ æрыгон æрттывд фæкодтой, афтæмæй райдыдта дзурын бархи хæстон-историкон æхсæнады куысты тыххæн. Ботъойы-фырт у уыцы æхсæнады уæнг. Уыцы æхсæнады уæнгтæ сты номдзыд революционертæ, мидхæсты æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ. Уыдон æмбырд кæнынц æрмæг историктæн æмæ, советон адæмы хъæбатыр царды тыххæй чингуытæ чи фыссы, уыдонæн. —<©$©>— 127
Дзаттиаты Тотырбег РЕВОЛЮЦИЙЫ ЦÆРГÆС Стыр бæрæгбоны агъоммæ цыдыстæм Дыгуры хъæумæ. Нæ автобусы уыд бирæ адæм. Мæ фарсмæ бадти иу зæронд лæг. Йæ уæлæ дæрдцжын цъæх палто, сау уæлдзармхуд, цырыхъхъытæ. Йæ къухы - зыкъуыртæ æхсæр лæдзæг. Мæ зæрдæ йæм цæмæдæр гæсгæ фехсайдта. Афарстон æй, - нæ фæлæууыдтæн. Æмæ æцæгдæр разынд, Дыгурыхъæумæ кæмæ цыдтæн, уый. Ныхас нын бацайдагъ. Йæ ном - Бимболат. Фæлæ йæ адæм зæронд партизан хонынц. Афтæ йæ схуыдтай, уæд алчидæр бамбары, кæй кой кæныс, уый: ном, мыггаг ничиуал фæфæрсы. Нæ ныхас уыди Кировы, Орджоникидзейы, Шаумяны, Цæгат Кавказы зынгæ революционерты æмтохгæнæг, иузæрдион ленинон Цæголты Георгийыл. Фыццаг фембæлд - Мæ зæрдыл ма хорз лæууы 1917 аз, - дзырдта Бимболат. Уæд мæныл азтæ бирæ нæма цыди 25-26 азы. Кавцинчы куыстон, мæ тæккæ тыхы уыдтæн уæд. Заводмæ та бахаудтон æнæбары. Ома, куыд æнæбары? Хъуыбатты кæвдæсард уыдтæн, сæ кой фесæфа! Кæвдæсард! Цы нæ-иу æрмысыдысты уыцы æлдæрттæ æмæ кънйæзтæ адæймаджы ном æгад кæнынæн, фæллойгæнæг лæджы туг цъирынæн!.. О, æмæ иу рæстæджы, революцийы хæдразмæ, æз дæр бафхæрдтон мæ тугцъиры: Хъуыбатты хъæдыл арт бафтыдтон æмæ æхсæвыгон горæтмæ фæлыгътæн. Мæ ном, мæ мыггаг аивтон, афтæмæй заводы куыстмæ бацыдтæн... Афæдзы бæрц дзы фæуыдаин, афтæ кусджыты астæу ныхас стынг: «Паддзахы бындур æнкъуысын байдыдта! Рæхджы йæ сæр дæр ныззилдзæн æмæ Уæрæсейы фæллойгæнæг адæм фервæздзысты кæфхъуындарæй, дунейы цыфыддæр жандармæй!..». 128
Мæнг ныхæстæ нæ уыдысты уыдон! Æмæ æз дæр хъуыды кодтон: «Паддзахы сæфт кæм æрхæстæг, уым ме знаг Хъу ыбаттæн æмæ иннæ кънйæзтæн дæр бирæ цæрæнбон нал ис... Бадилатæ æмæ Хъуыбаттæн сæ мыггаг сыскъуынын кæнынмæ мæ разæй никæй ауадздзынæн!» Ралæууыдысты 1917 азы февралы хъуынтъыз бонтæ. Дæ фыдгул дæр афтæ, Бетъырбухы кусджытæ æмæ революцион матростæ Романовты зæронд нау Невайы арфы фæдæлдон кодтой... «Æнæ паддзах цæрæн нæй!», - зæгъгæ, чи дзырдта, уыдон хæлиудзыхæй аззадысты. Фæлæ тох ууыл нæ банцад: Уæрæсейы буржуйтæ æмæ помещиктæ мæлæтдзаг хæсты бацыдысты сæхи хицаудзинад æрфидар кæныныл. Æмæ цынæхуызон гуыбыннизы партитæ хæцыдысты сæ фарс! Меньшевиктæ æмæ эсертæ, кадетгæ æмæ æндæр ахæм хъылма! Сæмтъеры бæстæ... Дзæуджыхъæу дæр иннæ горæттæй уæлдай нæ уыди - кусджыты галиумæ чи ардыдта, ахæм «партионтæ» уасыдысты æмæ рæйдтой алы къуыбырæй, алы кæртæй дæр. Алчидæр дзы йæ риу хоста: «Æз адæмы ссæрибарыл тохы партийæ дæн, мæнмæ хъусут!..» Фæлæ бирæгъ цыфæнды хъуынджын фысы цармы куы бабыра, æмæ уæрыккау куы уаса, уæддæр æй адæймаг базондзæн, бирæгъ кæй у... Мах фидар лæууыдыстæм, Киров цы партион комитет сарæзта нæ горæты, уый æнцой. Æз мæхæдæг уыцы комитетмæ нæ заводæй хабархæссæг уыдтæн... Гъей-джиди, цæй æрыгон, æнæзивæг æмæ тыхджын уыдтæн æз уыцы раастæг: æмбал Киров мын куы загътаид, тъæнджы мæй Хъазыбеджы хохы цъуппæй дур æрыскъæф, революцийы хуыддагæн бабæздзæн, зæгъгæ, - мæ цæст дæр нæ фæныкъуылдтаин! О, æмæ та дын иу бон (1917 азы апрелы уыди, æнхъæлдæн) заводæй гæххæтт схастон нæ комитетмæ. Секретаримæ куыд ныхас кодтон, афтæ мидæмæ æрбахызт, кæй нæ зыдтон, иу ахæм студент. «Цымæ чи у, кæмæй у? - ахъуыды кодтон мæхинымæры. Уæдмæ студент йæ гæххæтт равдыста нæ секретармæ. Æмбал Полякова йæ хъæрæй бакасти: «Московская организация РСДРП(б), членский билет. Цаголов Георгий Александрович. 1897 года рождения... осетин...». 129 9
- Æмбал Кировæн æхсызгон уыдзæн де ’рцыд, - йæ къух ын райста Полякова. - Æхсызгон, тынг æхсызгон хъæу ы нæ партион комитеты ирон пропагандисттæ æмæ агитатортæ! - Æз дæр тынг бæллын Сергей Мироновичы фенынмæ. Ам ис? - афарста студент, йæ бæллиц нæ басусæг кæнгæйæ. Æмбал Киров йæ бынаты ис, газет «Терею>-ы редакцийы дæр ма фæкусы. Ныртæккæ йæ фендзынæ! - дзуапп ын радта æмбал Полякова æмæ мæнæн цæстæй ацамыдта, ома фæхæццæ йæ кæн. - Мæскуыйæ нæм ссыдтæ, зæгъыс?.. Уым та ногæй цы хабæрттæ ис, ардæм дæ куыд равдæлди дæ ахуырæй? - фæрстытæ кодтон æз студенты фæндагыл. - Хабæрттæ вагоны дзаг, - бахудти мæ ног æмбал. - Ахуыр ныууадзын хорз нæу, фæлæ рæстæг афтæ амоны... пъæлицæ мæ нæ бауарзтой... Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй Цæголы-фырг ахуыр кодта Мæскуыйы университеты юридикон факультеты, партимæ дæр уым бацыди. Мæскуыйы бакаст болыпевикон скъолайы æмæ уым равдыста йæ цæттæдзинад пролетарон революцийы хъуыдцагыл мæлагтдзаг тохы бацæуынмæ: паддзахы фарс хæцæг æфсадæй Манежы чи æрфидар, уыдон пырх кæнгæйæ æмæ сæ революцийы сæрыл хæстмæ здахгеейæ, сфæрæзта экзамен! Жандармтæ дæр æй уый тыххæй ахстой. Кусджыты уарзон æмбал Цалдæр боны фæстæ заводы уыди митинг. Меньшевиктæ æмæ эсертæ, кæрæдзи дзыхæй ныхас исгæйæ, дзырдтой æмæ дзырдтой æнæрынцойæ... Сæ ныхас иууылдæр арæзт уыди болыпевикты æфхæрынмæ... Уæд кæсын, æмæ кусджыты раз æрбалæууыди мæ ног зонгæ студент. Гæххæттыл йæ къухы бæрзонд схæцыди æмæ арæхстгай, ныфсджын æмæ æнцон æмбарæн ныхасæй дзурын байдыдта дунейы уавæрыл. Кусджытæ йæм кæсыныл фесты æмæ сæ кæрæдзи фарстой: «Ацы студент та кæцæй фæзынди, кæй гуылы бын æндзары арт?». | - Ныр та байхъусут, Ленин, пролетарты æцæг фæтæг, кусæг къласæн цы зæгъы, уымæ - хъæрдæрæй загъта Цæголы-фырт, 130
æмæ меныиевикты оратортæ скатай сты. «Кировæй æдасдæр нæу ацы студент нæ хъуыдцагæн! Кæцæй æрхаудта большевиктæм ахæм дæгаы оратор!» - дзырдтой сæ кæрæдзи хъусты буржуйты æмæ помещикты æмбæхст фæсдзæуинтæ. Георги кусджытæн бамбарын кодта Ленины Апрелы тезистæ, стæй фæстагмæ расидт: - Æгас цæуæд пролетарон революци! Дунейы æфхæрд пролетартæ, баиу ут! Уæдæй фæстæмæ Цæголы-фырты арæх уыдтой горæты кусджытæ сæ митингты æмæ æмбырдты Не ’ппæт дæр бæллыдыстæм йæ ныхас фехъусынмæ. Æмæ дзы, Кировы фæстæ, уыцы рæстæг мах ахæм дзырдарæхст, ахæм дæсны оратор нæма федтам. Ног большевик бирæ тас бауагъта иннæ партиты уæнгты: йæ ном уайтагъд айхъуысти канд горæты нæ, фæлæ æгас Терчы облæстыл дæр. Махмæ афтæ касти, цыма нæ рæнхъыты мæнæй æнæзивæгдæр æмæ цырддæр лæппу нæй. Фæлæ Георгийы змæлд æмæ арæхстдзинад куы федтон, уæд мæхимæ ницыуал кастæн. Цы куыст кæнгæйæ йæ нæ федтаис Цæголы-фырты уыцы бонты! Нæхи ног газеттæ-иу хæдзари-хæдзар дæр айуæрста, æмбырды размæ-иу нæ къорды уæнгтыл азылди: кæмæн доклады тезистæ лæвæрдта, кæмæн æмбарын кодта, не знæгты ныхмæ йæ куыд хуыздæр радзурын хъæуы, уый. Демонстрацитæм цавæр лозунгтимæ рацæуын хъæуы, болыиевиктæн тынгдæр тас цæмæй æмæ кæмæй у митинджы кæнæ демонстрацийы... æппын дзы ницы рох кодта. Абоны хуызæн ма йæ хъуыды кæнын, 1917 азы Майы демонстрацийы цы бакодта, уый. - Æфсæнвæндаджы мастерскойты колоннæмæ мæ зæрдæ æхсайы, цом фенæм æй, - загъта æмбал Поляковайæн, æмæ фæраст стæм уырдæм. Контрреволюционертæн банкирты æмæ помещикты хицауад - Гучковтæ æмæ æндæр ахæмтæ - сæ тырыса уыдысты. Уый зыдтам мах, æмæ Геррги дæр тыхсти, знæгтæ куы спайда кæной кусджыты демонстрацийæ... Уæд ма меньшевиктæ æмæ эсертæ тыджын уыдысты, сæ гадзрахатдзинад æххæстæй нæма раргом: 131
Æцæгдæр афтæ рауади: дыууæ адæймаджы тугцъир Гучковы портрет демонстрацийы астæу хæрдмæ систой лæдзджытыл кондæй æмæ йæ хастой Карл Марксы фæстæ. - Кæсут, кæсут! Ссардтой Марксæн «æмбал», Гучковы!.. Уый эсертæ æмæ меньшевикты «куыст» у! — мæстæй рафыхти Георги. Комкоммæ бабырсæн æмæ хуытъынджыны раппарæн нæ уыди, демонстранттæ сызмæстаиккой. Фæндæй архайын хъуыди. — Мæ бар æй бауадзут! - афæдзæхста нын Георги æмæ йæ зонгæ кусджытæй дыууæ лæппумæ фæдзырдта. Семæ сусæгæй аныхас кодта æмæ сæ фæстæмæ демонстрантты астæумæ барвыста. Кусджытæ æрзарыдысты «Варшавянкæ». Дыууæ лæппуйы раивтой Гучковы портрет хæсджыты. Зарæг куы стынг, уæд кæсæм, æмæ Гучковы ныв «феуæгъд», йæ сæр фæуырдыгмæ, æмæ кусджыты къæхты бынмæ æрхаудта. Кусæг лæппутæ сæ къæхтæй фæсастой портреты хæссæн хъилтæ æмæ йæ уый æфсон фæсаууонмæ радавтой, сæхи «æнæбары» хабарыл хъыггæнæг скæнгæйæ. Лæппутæ кусджыты цыфыддæр знаджы фæскъуым цъыфмæ баппæрстой æмæ ма йыл къахæй дæр бацыдысты. Фæллонгæнджыты депутат О, кусджытæ зынгзæрдæ большевичы тынг бауарзтой. Уый рабæрæг Дзæуджыхъæуы Советмæ депутаттæ æвзаргæйæ дæр: 1917 азы фæззæджы горæты фæллойгæнджытæ Цæголты Геор- гийы иннæ зынгæдæр большевиктимæ равзæрстой депутатæй. Йæ ном тагъд айхъуысти Терчы облæсты фæллойгæнджытыл æмæ та уый хæд фæстæ Цæголы-фырт æвзæрст æрцыди Терчы облæсты Советы депутатæй дæр коммунистты номхыгъдæй. Нæ парти, æмбал Киров æмæ йæ хæстæгдæр æмтохгæнджытæ нæ рох кодтой Ленины фæдзæхст хъæууон мæгуыртæ æмæ рæстæмбис цæрæг зæхкусджыты пролетарон революцийы фарс æрлæууын кæныны тыххæй. Уый, уæлдайдæр та Кавказы, партийы ахсджиагдæр хæсты рæбинагдæртæй иу уыди. Гъе, 132
уымæн арвыста Цæгат Кавказы большевикты организаци дæр зæхкусджыты æхсæн кусынмæ цыргъзонддæр æмæ дæсныдæр коммунистты. Хъуыды ма йæ кæнын, иу æмбырды Георги дзуапп лæвæрдта, учредителон æмбырд кæй хуыдтой, уымæ æвзæрстытæм Цæгат Ирыстоны хъæутæ куыд цæттæ кæнынц, уый тыххæй. С. М. Ки- ровы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Георги загъга: -Ирыстоны мæгуыртæ æрбамбырд сты «Кермен»-ы къордты æмæ мæ ныфс ис, уыдон болыыевикты хъуыддагыл хъæлæс кæй кæндзысты. Уыимæ Терчы облæстæй центрмæ нæхи делегат- большевик дæр æвзæрст кæй æрцæудзæн, уый дæр бæлвырд у. Раст рауадысты Георгийы ныхæстæ: Терчы облæстæн Æппæтуæрæсейы Советты съездмæ делегатæй æвзæрст æрцыди æмбал Киров - облæсты болыыевикты ленинон разамонæг. «Кермен»-ы партийы кой дын скодтон... Дардыл ныхас у ацы партийы истори. Фæлæ дын цыбырæй зæгъон: æвддæсæм азы октябры мæйы Цæгат Ирыстоны фæзынди революцион парти. Йæ аразджытæ йыл хуымæтæджы нæ сæвæрдтой хъуыстгонд адæмон гарой Кермены ном. Æлдæрттæ, кънйæзтæ æмæ иннæ бонджынтæй æфхæрд Иры æнæзæхх, мæгуыр, ссæст нæлгоймæгтæй кæй уæнгтæ æмæ зæрдæ нæ цырен кодта Кермены тохы зарæгсæрибарыл тохмæ. Стдæсæм азы апрелы мæйы уыцы парти баиу ис болыыевикон партиимæ. Йæ зынгæдæр разамонджытæ Гоститы Андрей, Къесаты Колкæ, Гибизти Дебола æмæ æндæртæ сæ туг ныккалдтой пролетарон революцийы уæлахиздзинады сæраппонд, Октябры тырыса сыгъдæгæй бæрзонд хæсгæнæ. Æмбал Киров дæр Цæголы-фырты бар бакодта, цæмæй уый йæ тыхтæ æмæ болыыевикон арæхстдзинад æппæтæй дæр сараза «Кермены» партийы куыстмæ. Æмæ æрыгон Георги уыцы зын уавæрты æвзыгъдæй æххæст кодта болыыевикон партийы стыр хæслæвæрд. «Кермен»-ы партийы цы егъау революцион куыст бакодта, Иры мæгуырты контрреволюцийы ныхмæ тохмæ куыд разæнгард кодта, ууыл фæстæдæр аныхас кæндзыстæм. Ныр уал дын зæгъон, Цæголы-фырты тых æмæ базыртæ, Цæгат Кавказæй бирæ дарддæрыл кæй аххæстысты, уый тыххæй. 133
Турчы фронты большевикон цырв 1917 азы декабры, Октябры революцийы фæстæ, Калачы æрæмбæрд ис Кавказы æфсæддон съезд, æмæ дзы Терчы облæсты уавæры тыххæй лæмбынæг радзырдта съезды делегат Цæголты Георги. Делегæтты йæхимæ æрыхъусын кодта йæ дзырдарæхстæй, йæ хæрззонд раныхасæй. Степан Шаумянæн - Кавказы пролетарты æвзыгъд разамонæгæн - йæ зæрдæмæ фæцыд Цæголы-фырты сæрæндзинад, æмæ бахæлар сты. Съезды ахсджиагдæр фарстатæй иу уыди Турчы фронт фехалын, цы салдæттæ дзы хæцыд, уыдон пролетарон революцийы фарс ралæууын кæнын. Уыцы ахсджиаг хæс сæххæст кæнынæн съезд оавзæрста сæрмагонд делегаци, разамонæгæй йын сфидар кодта Цæголы-фырты. Делегаци ацыди Саракамышмæ. Цæголы-фырт хорз æмбæрста съезды фæдзæхст æмæ зæрдиагæй бавнæлдта йæ куыстмæ. Турчы фронты уырыссаг æфсæдты полкътæ, батальонтæ æмæ ротæтæй болыиевикон чыртæ кæм нæмауыди, уым æвзæрын райдыдтой, салдæтты астæу стыхджын империалистон хæсты ныхмæ змæлд; социалистон революцийы цæхæр тынгдæр апырхи æфсæдтыл, салдæттæ сæ хæцæнгæрзтæ раздæхтой фæллойгæнджыты знæгты ныхмæ. Мæйæ фылдæр куы акуыста Георги салдæтты æхсæн, уæд æй равзæрстой сæ реввоенсоветы сæрдарæй. Ссæдзаздзыд революционерæн уый чысыл фæлварæн нæ уыди, фæлæ партион организаци тынг фæбузныг йæ хъæбатырдзинад æмæ арæхстджын куыстæй. Турчы фронты салдæтты æхсæн Георги йæ бæрнон хæс æнтыстджынæй сæххæст кодта, фæстæмæ Бакумæ æрцыди æмæ уым куыста Степан Шаумяны разамындæй. Уæды Гандзайы (ныр Кировобад) контртæ - буржуйтæ, националисттæ, динамонджытæ, - фæсарæйнаг империалистты ардыдæй æмæ комкоммæ æххуысæй, се ’ппæт тыхтæ æрбаиу кодтой социалистон революцийы хъуыддаг фехалынмæ æмæ схæцыдысты Советон хицаудзинады ныхмæ. Уыцы тыхст бонты Бакуйы болыневикон партийы разамон- 134
джытæ Цæголы-фыртæн бахæс кодтой Гандзайы контрреволю- цион сыстад ныппырх кæнын. Æнæзивæг, æнæгуырысхойæ бавнæлдта революцийы цæргæс партийы бæрнон хæслæвæрд сæххæст кæнынмæ: йæ революцион æфсæдцон тыхты уæндон æмæ арæхстгай æртымбыл кодта Георги знагыл. Фыдгæнджытæ тыхджын уыдысты, фæлæ сæ Цæголы-фырты æфсæддонтæ карз хæсты ныффалгæрон кодтой. Цæголты Георги уыцы хæсты цы арæхстдзинад æмæ ныфс равдыста, уый тыххæй йын Степан Шаумян йæхи хæцæнгарз балæвар кодта, æмæ загъта: - Ды, Цæголы-фырт, æцæг болыыевик дæ, æцæг ленинон! Æмбал Шаумян йæ ацы зæрдиаг ныхæстæ иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта Георгийы тыххæй. Тугдзых бирæгъты ныббырст Пятигорскы цыди съезд. Уый уыди 1918 азы февралы фæстаг бонты. Терчы облæсты фæллойгæнджыты делегаттæ ныхас кодтой облæсты хъысмæтыл. Æмбал Киров лæвæрдта разамынд съездæн. Октябры цæхæр Бетъырбухæй æмæ Мæскуыйæ, стæй иннæ пролетарон центртæй апырх ис æгас Уæрæсейы къуымтыл. Уый кусæг æмæ фæллойгæнæг мæгуыр зæхкусджыты æфхæрд зæрдæты бауагъта стыр ныфс социалистон революцийы уæлахиздзинæдтæ ныффидар кæнынмæ. Уæрæсейы буржуйтæ, кнйæзтæ, помещиктæ æмæ сæ фæсдзæу интæ бамбæрстой, се сæфты ду г кæй æрхæццæ, уый æмæ сæ удæй цыдысты революцийы уæлахиздзинæдтæ мид хæсты тугзæйты бын фæкæнын æмæ фæсарæйнаг империалистты æххуысæй фæстæмæ капиталы хицаудзинад æрфидар кæныныл. Æрыгон Советон роспубликæйы алфамбылай æмбырд кодтой сау мигътæ. Æртæ азы дæргъы цы империалистон хæст фæцыди, уымæй æфхæрд, пырх æмæ бæгънæг, æххормаг Уæрæсе унæргъыдта йæ æнæкæрон хъæдгæмтты рыстæй. Кавказ дæр уыди тынг тæссаг уавæры: Гуырдзыстоны фæскъæуттæ кодтой контрреволюцион меныыевиктæ æмæ æдцагон знæгтæ. Азербайджанмæ бырстой туркæгтæ æмæ англиоа#гтæ Цæгат 135
Кавказмæ - урс хъазахъхъаг инæлæртгæ сæ гæрзифтонг бирæ æфсæдтимæ. Бынæттон контрреволюцион тыхтæ (æмæ дзы цынæхуызон хъылма уыди: «Терк-Дагъестаны хицауад» - йæ сæргъы стыр капиталист Чермов Топа, хъуымыхъхъаг стыр кънйаз Капланов Рашид-хан, зындгонд реакционер Баййаты Гаппо, ноджы иу ахæм Дзабагиев Бассан-Герей, Бичерахты Георгийы «Мæздæджы совет», паддзахы скъæттæ сæрфæг ирон афицертæ, националисттæ, шовинисттæ) сæ быцъынæг скъуыдтой æддагон лæбурджытæн баххуысмæ. Ахæм тыхст рæстæджы Цæголы-фырт йæ бронепоездыл æрбацыди Бакуйæ Пятигорскы съездмæ. Æхсызгон уыди æмбæлттæ Киров æмæ Буачидзейæн æрыгон цæргæсы фæзынд йæ райгуырæн бæстæм. Адæмон съезды болыпевикон фракцийы фæндонæй делегæттæ æмхуызонæй сразы сты съезд Дзæуджыхъæумæ - Терчы облæсты центрмæ рахæссыныл. Æвæджиау хорз æххуыс фæци Цæголы-фырты бронепоезд делегæттæн - æнæ исты хъыгдардæй сæ æрбахæццæ кодта Дзæуджыхъæумæ. Ам съезды делегæттыл горæты кусджытæ æмзæрдион арфæимæ сæмбæлдысты æмæ адæмон съезд йæ куыст æдыхстæй кодта дарддæр... Мæ зæрдыл ма лæууынц æмбал Кировы ныхæстæ Мæздæджы адæмон съезды. Сергей Миронович дзырдта: «Терчы облæсты революцион демократийы ныртæккæйы ахсджиагдæр хæс у æппæт революцион тыхтæ баиу кæнын, уæлдайдæр та хъæуты мидæг, чи цы адæмы мыггагæй у, уый не ’взаргæйæ, æмæ уыцы æппæт иугонд революцион тыхтæ знæгты ныхмæ æрæвæрын...» -Киров афтæ дзырдта ацы съезды дæр. Пятигорскы-Дзæуджыхъæуы адæмон съезды Киров йæ доклады загъта, зæрдæйы арф чи ныххызт, ахæм ныхæстæ: - Кавказы хæхты æрмæст æрдзон рæсугъддзинад нæй, фæлæ ацы сæрыстыр хæхты рæхыс разындзæн акæм æнæбасæтгæ фидар æмæ йыл реакцийы сау тыхтæ сæ сæр ныппырх кæндзысты; ацы хæххон кæмттæй æрмæст дымгæ нæ къуыззитт кæны, фæлæ даы хъуысы демократийы æцæг саг хъæбулты ныфсджын революцион зарæг дæр. 136
Афтæ, æцæг афтæ уыди æмæ Кировæн съезды адæм дæр æмзæрдæйæ уымæн æрæмдзæгьд кодтой! Цыбыр ныхасæй, Цæгат Кавказы кусджытæ æмæ фæллойгæнæг хæххон адæм дæр болыпевикты партийы фæрцы бамбæрстой, буржуйтæ сын немыцаг æмæ туркаг, урс æфсæдты джебогътыл сæрибардзинад кæй нæ хæссынц. Съезды фæстæ Цæголты Георги йе ’мбæлттимæ йæ арæхстдзинад сарæзта Ирыстоны хъæуты революцион тыхтæ иу кæнынмæ, ирон фæллойгæнджыты партийы революцион тырысайы бын æрæмбырд кæнынмæ, Октябрыуæлахиздзинæдтæ бахъахъхъæныныл тохмæ. Историйы баззади ирон фæллойгæнджыты съезд Чырыстонхъæуы Уый уыди 1918 азы апрелы; арæзт æрцыди «Кермен»-ы партийы сæрдар Цæголы-фырт æмæ йе’мбал большевикты фæндонæй. Уыцы съездмæ Цæгат Ирыстоны хъæутæй гæрзифтонг бæхджын æфсæддонтæ сæ Сырх тырысатимæ куыд æмбырд кодтой, революцион зарджытæ заргæйæ, уымæй хуыздæр ма уыцы бонты зæрдæ цæмæй барухс уыдаид! Уæдæ Ирыстоны хъæуты цъулбертæ æмæ кънйæзтæ зæхкусджытæй цæрæнбонты цы зæххытæ æмæ мулк фæдавтой, уыдон советон хицауады декретмæ гæсгæ байсын æмæ сæ мæгуыр зæхкусджытыл бай уарын кæуылты циндзинад уыди фæллойгæнæг адæмæн! Æнусты бæллиц царды æцæгæй уынын байдыдтой адæм. 1918 азы сæрды Терчы облæстыл Деникины балбирæгътæ тæлы æрбавæрдтой. Джызæлы районы адæмы туг калдта булкъон Голийы-фырты отряд, Ногхъæуы зылды - булкъон Цæлыккайы- фырты, Рахизфарсы та Бигъайы-фырты балбирæгътæ стыгътой адæмы. Большевикты парти иузæрдион революционертæн бахæс кодта Ирыстоны хъæуты Сырх Æфсады отрядтæ саразын æмæ контрреволюцион тыхты пырх кæнын. Цæголты Георги нысангонд æрцыд Цæгзт Ирыстоны революцион-æфсæддон Советы сæрдарæй æмæ æгасæйдæр аныгъуылд уыцы стыр куысты. 137
1918 азы июлы Дзæуджыхъæумæ ссыди Советон Уæрæсейы Адæмон Комиссарты Советы æмæ партийы Центрон Комитеты æрвыст лæг Серго Орджоникидзе. Уый æрæмбырд кодта Терчы облæсты адæмон съезд, - уыдысты дзы æппæт хæххон адæмты æмæ хъазахъхъæгты делегаттæ. Съезд хъахъхъæдтой революцион керменистты къорд, афтæмæй йæ куыст кодта Дзæуджыхъæуы, кадетты корпус кæй хуыдтой, уыцы хæдзары. Бичерахы-фырт ультиматум сæвæрдта болыневикты съездæй фæсурыны æмæ сæ æрцахсыны тыххæй. Фæлæ съезд æмхуызонæй æрлæууыди бичерахонты ныхмæ æмæ йын йæ æрвыст лæгты фæсырдта. Бичерахы-фырты фæсдзæуин булкъонтæ Кибиры-фырт, Соколов, Белеккайы-фырт æмæ Огъуайы-фырт сæ балбирæгь æфсæдтимæ 6 августы æхсæвыгон æрбабырстой Дзæуджыхъæу- мæ. Контрреволюционерты сæйрагдæр хæс уыди - съезды боль- шевикон-революцион хай æрцахсын æмæ фехсын, афтæмæй Терчы облæсты фæллойгæнджытыл фæстæмæ цагъайраджы къæлæт сæвæрын, буржуазон хицаудзинад æрфидар кæнын, Кавказ англисаг æмæ туркаг империалисттæн ныууæй кæнын... Стыхджын æвирхъау хæст революцион тыхтæ æмæ контр- революцион лæбурджыты æхсæн. Дзæуджыхъæуы кусджытæ æмæ Ирыстоны революцион фæллойгæнджытæ бацыдысты цы- фыддæр знæгтæй Октябры тырыса бахъахъхъæныныл мæлæтдзаг хæсты. Ацы хæсты хъæбатыр тохы знаджы къухæй фæмард кер- менистты æфсæддон разамонæг Къесати Колкæ (Николай). Би- черахы-фырты æфсады къухы бафтыди горæты астæу бацахсын, горæтмæ дон нал уадзын, стæй бирæ æндæр фыдмитæ бакæнын. Хæстон операцитæн разамынд дæттыны хæс æвæрд æрцыди Цæголты Георгийыл - Ирыстоны революцион æфсæддон Советы сæрдарыл. Хæст бонæй-бон карздæр кодта. Гуырдзиæгты æфсæддон отряд (йæ командир Саша Гегечкори), «Кермен»-ы партийы тырысайы бын хæцæг хæстонты отрядтæ, Курскы æмæ Малаканты слабодкæты фæллойгæнджытæ иуæндæс боны æмæ æхсæвы æнæрынцой хæстыты равдыстой диссаджы хъæбатырдзинад æмæ знаджы тыхтæн сæ гадзрахат фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодтой, фæсырдтой сæ. 138
Цæголты Георги уый фæстæ Терчы облæсты большевикты партийы амындæй керменистты дыууæ отряды акодта æфсымæрон Кæсæгмæ æмæ уым феххуыс бирæ хъæуты советон хицаудзинад сæвæрынæн. Фæлæ контрреволцюци фæстæмæ бырсын райдыдта. 1918 азы кæронмæ Цæгат Кавказы сæвзæрди стыр тæссаг уавæр: нал уыдис бастдзинад Уæрæсейы советон центримæ. Кавказ хъахъхъæнæг Сырх Æфсады хæйттæ бахаудтой тыхст уавæрты: сæ командир Троцкийы æвæрд Сорошн дæр гадзрахатæй рацыди революцийыл, троцкистон мæнгæрдтæ бацархайдтой XI- æм æфсад фехалыныл: нал хæццæ кодта Сырх Æфсады хæйттæм æфсисад, хæцæнгарз, гилдзытæ. Нæ уыди хостæ, дохтыртæ; стыхджын тиф æмæ цæвæгæй кæрдæгау карста æфсæддонты; нæ горæты декабры уыди 50 мин тифæй рынчыны. Афтæмæй революцион тыхтæ слæмæгъ сты æмæ бахаудтой тынг зын ран. Иу гилдз æлхæдтой фондз сомæй, сармадзаны гилдз та стыр аргъыл дæр нæ уыди. Æмæ ма фыддæр уавæр цы уа алыхуызон хæцæнгарзæй æфсæст Деникины балбирæгъты ныхмæ хæцæг æфсадæн! Х1-æм æфсады ныфс фæсасти, афтæмæй Астраханы быдырты ныххæлиу... Мæлæтдзаг мидхæстытæ куыд карздæр кодтой, афтæ фæллойгæнджытæ æнгомдæр лæууыдысты Октябры тырысайы бын; иннæ революционертимæ уæззау тохы æхсысти Уæрæсейы комму нистон (большевикты) Ирыстоны парти «Кермены» ЦК-йы сæрдар Цæголты Георга дæр. Абоны хуызæн ма мæ цæстытыл уайы, Серго Орджоники- дзе Георгийæн куыд зæрдиагæй ныхъхъæбыс кодта нæ активы, уый. 1919 азы 27 январы Дзæуджыхъæумæ æрæмбырд облæсты актив. Уым ныхас, цыди горæт фыдызнад;жы бырстæй бахъахъ- хъæныныл. Æмбырды фæстæ Цæгат Кавказы большевикты раз- амонæг, хæдбарджын комиссар йæ маузер райхъæлдта йæ ронæй æмæ йæ балæвар кодта революцийы цæргæс Цæголы-фыртæн. Мах не ’ппæт дæр бамбæрстам ахæм хæрзиуæджы ныса- ниуæг: уый уыди Цæголы-фырты революцион сгуыхтдзинæдтæ бæрæггæнæн æмæ зæрдыл дарыны лæвар... 139
Хъæбатыры мæлæт Нæ горæт Деникины æфсæдтæй бахизыныл карз хæст æнæрынцойæ цыди æнæхъæн къуыри. Æххормаг, бæгънæг, тифæй тыхст æмæ æнæгилдз, Советон Уæрæсейæ иппæрд Сырх Æфсады хæйтты бон нал бацис горæт бахъахъхъæнын... Цæголты Георги йæ цалдæр æмбалимæ æппæты фæстæ ацыди горæтæй Арвыкомы фæндагыл æмæ Дæргъæвсмæ ныххызти зæронд Санибайыл. Ам ыл йе ’мбæлттимæ гадзрахатæй рацыдысты бандиттæ æмæ сæ бастыгътой. Фæлмæцыд, тыхст хæстонты ууыл дæр нæ ныууагътой: зымæгон уазал рæстæджы сæ бæгънæгæй хуыггомы батардтой æмæ сæ хъуамæ зынаргъыл ныууæй кодтаиккой, бинонтæй сæ чи агуырдтаид, уыдонæн. Георгийыл тиф фæзынди, æмæ ма уæззау рынчынæй Чырыстонхъæуы йæ фыды хæдзарыл сæмбæлд... Уыцы бонты контрреволюционерты налатдæр булкъон Хабæты Бетъа йæхи схуыдта Ирыстоны сæр æмæ ма кæм ауæрста, революцион тæваг кæмæ хæццæ кодта, уыцы хъæуы пырх кæнын æмæ судзыныл, адæмы хуыздæрты ауындзын æмæ марыныл. Деникинон тугдзыхтæ Хабæйы-фырты дзырдæй хъуамæ революцион Чырыстонхъæу дæр сау фæнык фестын кодтаиккой. 1919 азы 28 апрелы æхсæвы инæлар Вадбольскийы аст мин урс хъазахъхъаджы сæдæ сармадзанимæ æртыхстысты Чырыстонхъæуыл æмæ хъæуы фæллойгæнджытæй радомдтой: цыппарсæдæ керменисты-болыыевичы фехсынмæ раттын, милуан путы хор æрæмбырд кæнын, фондзсæдæ бæхы, фондзсæдæ уæйлаг нымæты, фондз мин винтовкæйы æмæ дыууæ милуан гилдзы, стæй хъæуы цыдæридцæр хæстхъом адæм ис, уыдон урс æфсадмæ раттын. Фæлæ Чырыстонхъæуы фæллойгæнджытæ се знæгты домæн не сæххæст кодтой, æмæ Деникины бандæтæ хъæу ныппырх кодтой. Уыцы æбуалгъ истори зындгонд у æмæ никуы ферох уыдзæн. Нæ ферох уыдзæн, урс бандæтæ Цæголы-фырты куыд амардтой, уый дæр. Бынæттон знæгтæй чидæртæ банымыгътой 140
тарф рынчын Георгийы, бацамыдтой, кæм æмбæхст уыди, уыцы хæдзар. Контрреволюцион инæлар Вадбольскийы лæгмартæ æртыгуыр сты хæдзарыл æмæ йыл æмхуызонæй ралæууыдысты. Æмбæрзæн дуртæ лыстæг тæгæлтæй хæрдмæ хаудтой... Георги йæ фæстагтыхтæ æрбамбырд кодта æмæ фыдызнæгты размæ уæндонæй рахызти. Афæлгæсти æрра сырдтыл æмæ загъта: - О, æз большевик дæн, Цæголты Георги! О, æз сæрибар ирон адæймаг дæн! Сымах уæ хæцæнгæрзтæй сæрибардзинад амарынмæ хъавут! Нæ, уый уын нæ бантысдзæн! Æз буц цардæй æфсæст уыдтæн, карчы фыд æмæ æхсырысæртæй хаст дæн... Æмæ мæхи удæн хорз уа, ууыл нæ тох кæнын... Æппæт адæмты сæрибардзинадыл, фæллойгæнджыты æфсымæрон, хæлар æмæ амондджын царды сæрвæлтау радтон ме ’рыгондзинад æмæ мæ фæстаг туджы æртах дæр дæттын мæ адæмы хъысмæтыл, мæ партийы хъуыддагыл! - Ныммарут æй! - фæхъæр кодта уæд урс пъагонджын афицер йæ бандиттыл, фырмæстæй йæ комы фынк акалгæйæ. Уыдон дæр ыл ралæууыдысты... - Уæ гæндзæхтæ цæгъдут! Уæ бон ницыуал бауыдзæн: мæ тугæй æмæ иннæ тохгæнджыты тугæй равзæрдзæн коммунизмы райдзаст зад хуым, фæллойгæнджыты амонды дуг!.. ...Зæронд болыпевик Бимболат сыгъдæг къухмæрзæнæй йæ цæстытыгтæ асæрфта æмæ йæ худ систа. Иуцъусдуг æрхæндæгæй абадти æиæ ма загъта: - Гъе, афтæ ахицæн не ’хсæнæй болыневикон керменистты сæрдар, революцийы цæргæс, Цæголты Георги. Джебогътæй йæ скарстой знæгтæ, æхсæрдæс хуынчъы ныккодтой æрыгон, тарф рынчын буар æмæ йын уымæй амæлын æнхъæл дæр нæ уыдысты, йæ сæр дæр ма йын ныппырх кодтой уыцы æнаккаг лæгмартæ... Нæу махæй рох нæ сæрыстыр цæргæс! Цæголты Георгийы номыл йæ райгуырæн хæуы райдзастæй фæллой кæны стыр совхоз, нæ горæт Орджоникидзейы уынгтæй иу хæссы революционер-большевичы сыгъдæг æмæ нæ адæмæн зынаргъ 141
ном. Нæ горæты цы гимназы ахуыр кодта Цæголты Георги 1914- 1916 азты, уыцы агъуысты къулыл æвæрд æрцыд мемориалон фæйнæг. Рæзгæ сабитæ йæ номыл скодтой пионерты дружинæтæ æмæ сæхи цæттæ кæнынц коммунизмыл тохмæ революцион тырысайы бын. —<©$€*>— 142
Баситы Михал ЦАРДЫ ГУЫЛФÆНТЫ Хорз хæцгæ «низ» Хур къæдзæхы саггомы къуызыртæ фахсыл æртылди æмæ фæаууон. Йæ фæстагтынтæ хæрдмæ æмæ фæйнæрдæм снывæзта, æврæгъты кæрæттæ æмæ къæдзæхты цъуппытæ сызгъæрин доны стылдта. Мах лæууæм Садоны поселочы фæзы кæрон æмæ кæсæм уыцы диссаджы рæсугъд нывмæ. Куыд дзæбæх фидауы уæдæ а сызгьæрин изæр абоны хъуыддагимæ! Раст цыма æрдз дæр бамбæрста хабар æмæ иумæйаг циныл цин кæны. Асфальтгонд фæзы æмбырдтæ кодтой адæм. Уым уыдысты лæппутæ, чызджытæ, ас лæгтæ, устытæ. Сæ цæсгæмттæ райдзаст, хъæлдзæгхуыз. Иууылдæр сæ хъус дарынц дæлæмæ, дурын стыр агъуысты фæстæйæ комы фæндаг кæм æрбазыны, уыцырдæм... Райгонд сты Хæдарцаты Хъантемыры циндзинадæй. Æмæ куыннæ. Хъантемыры цин у шахтерты иумæйаг циндзинад. Уымæн абон йе ’мкусджыты, йæ зонгæты, йе ’мбæлтты æхсæн дæтдзысты ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы номæй кадцжын хæрзиуæг - хъазуат куысты стырдæр нысан - Сызгъæрин стъалы æмæ Ленины орден. Æмбырд уыдзæн клубы стыр залы. Хъантемыр йæхæдæг ам нæма ис. Орджоникидзейы хæххон-металлургион техникумы цыппæрæм курсы фæсаууонмæ ахуыр кæны æмæ фæлварæнтæ дæттынмæ ацыди. Уын дæр хъуамæ горæтаг уазджытимæ æрцæуа. Æз æмæ газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг ныхас кæнæм парткомы секретаримæ. Базонын нæ куыд нæ фæндыд, се ’мкусæг стыр хæрзиуæг кæй райста, уый фæдыл шахтертæм цы хъуыдытæ, цы зæрдæйы ахаст ис, уый. Нæ цурмæ фæзы астæуты æрбацыд ныллæггомау, тымбылдзæсгом, саулагъз лæппу. Кæсы мæм, худы йæ цæстытæй. - Нал та мæ зоныс? 143
- Дзибокка? Æмæ ам цы ми кæныс? Клубы ма кус? - Клубы?.. Шахтæйы! - Ды - шахтæйы? Æмæ сценæ та? Кæдцæр бæллæхы актер æмæ адæмæн æмбисонды зараг куы уыдтæ.... Дæ зæрдæ ма сив аивадыл? - Никæддæр! Фæлæ... -лæппу мæм йæхи æрбахæстæг кодта, ме ’мбал æй куыд нæ фехъуса, афтæ, - шахтерты уæрдоны куы сбадай, уæд сын сæ зарæг кæн. Иуцасдæр акуыстон клубы... билеттæ уæйгæнæгæй. Хихъæппæрисады къорды дæр уыдтæн... Ныр дæр дæн, фæлæ... Бакастæн уавæрмæ æмæ загътон: «Нæ, Дзибокка, ай дæу аккаг куыст нæу. Кæсыс, зæгъын, Дзибокка, дæ хуызæн лæппутæ шахтертæ сты... ды та...» - Æмбарын дæ. Æз цы Дзибоккайы зонын, хъуамæ уый йæ фыды фырт уа, нымад, хорз ахуыргæнæджы лæппу... - Ды хъазгæ кæныс, фæлæ æз æцæг зæгъын. - Кæд Хъантемыры Сызгъæрин сгъалымæ бабæллыдтæ... Лæппу фæсырх. - Цытæ дзурыс?.. - Суворовы загьдау: «Æвзæр у уыцы салдат æмæ инæлары цин райсынмæ чи нæ бæллы». И? - Маршалы жезл йæ хызыны чи нæ дары... - сраст мын кодта мæ рæдыд лæппу. - О, фæлæ уымæн рæстæг хъæуы. - Дзибокка, ды цы низæй фæрынчын дæ, уый хорз «низ» у. - Хорз нæ, фæлæ дын æз зæгъын: тагъд уыцы низ ам бирæтыл бахæцдзæн... - лæппуйæн æнæнхъæлæджы фæхъæр йæ сусæг хъуыды. Махмæ æнæууæнк каст æрбакодта æмæ ныххудти. - Сымах хæйрæджы дæр ракъахдзыстут, пъеройæ кусджытæ. Фæталынггæрæттæ. Комæй радымдта галæгон æмæ йемæ рахаста цъититы уымæл тæф. Доны хъæр фæтынгдæр. Хæстæгдæр хæдзары гом рудзынгæй райхъуыст музыкæ. Чидæр пианинойæ цагъта Листы «Венгриаг рапсоди» æмæ изæры сабыр уæлдæфы, уылæнтау, ленк кодтой æхсызгон мелодийы зæлтæ. Боны тæвд æвиппайды æрхауд. Цырæгътæ ссыгъдысты. Цавæрдæр нæртон тæмæнкалгæ фæрдгуытау уынгты алырдæм ныххалтæ сты. Хъæу ныррухс. 144
Комы фæйнæварс фæхстыл дæр алы рæтты сæрттывтой зæххон «стъалытæ». Фæндаджырдыгæй сыхъуысти рог автомашинæйы уадындзы цъæхснаг хъæр. Адæм иууылдæр се ’ргом уыцырдæм аздæхтой. Клубы фæстæйæ æрбазынд рæсугъд, æхсырхуыз Волгæ». Уазджытæ æрхæццæ сты. Хæдары-фырт дæр. Хъантемыр бахауд æмбæлтты хъæбысмæ, æмæ йæ цæсыфæныкъуылдмæ уынгæ дæр нал кодтам. * * * ...Клубы стыр залы адæмæй къух акæнæн нал ис. Президиумы, сырх скæллад хъуымацæй æмбæрзт даргъ, стъолы фарсмæ, бадынцуазджытæ, æрзæткъахæнтыу правленийы æмæ рудничы разамонджытæ, шахтертæ. Рахизырдыгæй, кæронæй йæхи æруагъта, адæм кæй тыххæй æрæмбырд сты, уый, Социалистон Фæллойы Хъазуатон Хæдарцаты Хъантемыр. Æппæты разæй залы иу-цалдæр æмбалимæ бады Дзибокка. Сæрдариуæггæнæг сыстад. Æмбырд райдыдта... Бады Хъантемыр кадджын æмбырды президиумы, кæсы адæммæ, хъуыдыты аныгъуылд. Цы фæндаг æй æркодта ацы цытджын ранмæ? Кæй руаджы, цæй фæрцы йын кæнынц ахæм ном? Йæ цæстытыл ауадысты йæ царды фæстагдæр мæйты нывтæ... «Кæд кусæм, уæд - адæмы хуызæн!» Лæппутæ забойæ рацыдысты фæлладæй, фæлæ разыйæ. Абон та, цыма, æвзæр нæ бакуыстой... Сæ хæстæ сæххæст кодтой. Уыцы хъуыдытимæ рараст сты сæхимæ. Цæгатырдыгæй кодта уазал дымгæ. Къæдзæхты дыдæгъты æмæ скъуыдты бадти мит. Комы сæрмæ кæрæдзи æвдæрзгæ згъордтой мигъы къуымбилтæ. Лæппутæ иу иннæйы фæдыл цæугæйæ ныххал сты гакъон- макъонкъахвæндагыл. Сæзабойбæрзондранис. Цæуынц,хъазæн ныхас кæнынц. Æрмæст ницы дзуры раззаг, бæрзондгомау, фидар 10 145
арæзтытæ дæргъæлвæсцæсгомджын лæппулæг. Афтæ зыны, цыма, уымæ йе ’мбæлтты ныхæстæ хъаргæ дæр нæ кæнынц... - Хъантемыр, ауылты йæ араздзынæ? - йæ хъæлæсыдзаг æм ныхъхъæр кодта, æппæты фæсте чи цыди, уыцы ас лæппу Бæцойты Солтан. Хъантемыр ныхас нæ бамбæрста æмæ фæстæрдæм йеуæх- счыты сæрты адзырдта: -Кæй? - Дæ метройы! Дæхи йыл куы амардтай фыр хъуыдыйæ. Иууылдæр ныххудтысты. - О, мæнæ кæуылты цæуæм, уый бынты... Худут, нæ? - У æдæ кæугæ дæр цæуыл кæнæм? Исты нæ хæс нæ сæххæст кодтам? - сдзырдта бæзджын, ивазгæ хъæлæсæй Кобесты Карл, дæргъæлвæс, саулагъз лæппу. Хъантемыр фæлæууыд. - О, абон æмæ знон. Æндæрæбон, уый æндæрæбон та? - Нæ бон цы у, уый кæнæм. Уæдæ нæхи дæр куыд амардзыстæм, - загъта та Карл. - Дзæгъæл бадт нæ кæнæм... Хъантемыр æм мæсты каст бакодта. - Гъер нæ куыст уæхи зæрдæмæ дæр куы нæ цæуы, уæд ма æфсæнттæ та цæмæ агурæм? Ныртæккæйы хуызæнæй нæ бригады куыст нæдæр разуæзы хос у æрзæткъахæны уæрдонæн, нæдæр фæстозы хос!... - О, уæдæ цы кæнæм, уæд та нын уый зæгъ! - нал фæлæууыди Солтан дæр. - Бригадир дæ æмæ бауынаффæ кæн. Бригадир йæ цæст ахаста лæппуты цæсгæмттыл. - Бачъидты гом кæнынц ног забой, - Хъантемыр йæ сæрæй ацамыдта скæсæнырдæм. - Дунейы æрзæт, дам, дзы ссардтой. Иу дыууæ дзæбæх лæппуйы-ма æмæ зæгъын уырдæм... И? Хицæн бригадæй. Зын уыдзæн, фæлæ кæд кусæм, уæд адæмы хуызæн! - Æмæ нын ахæм бар та чи дæтты? - загъта Солтан. ~Æмæнауæдцæуылнæ?-йæныхасбаппæрстаæфсæрмыгæнаг Къалаты Юрий, ныхас цæуыл цæуы, уый фембаргæйæ. - Ау, уый та куыд? - Хъантемыр Солтанмæ дисгæнгæйæ бакаст. 146
- Царды хицæуттæ нæхæдæг не стæм? Цы нæ бафæнда æмæ цы нæ бакæндзыстæм? - Æмæ ма уым Солтанæн хъазæн ныхасгæнæн уыдзæн? - ныххудтис йæ бæзджын хъæлæсæй Карл. - Уымæй тынгдæр ницæмæй тæрсы. - Ау, уæдæ афтæ æнхъæлыс, уыцы бригæдты сыгъдæг сихтæ ис? - Демæ йсчи ныхас кодта? - се ’ппæты бæсты бафарста Солтан. - Дысон мæм фæдзырдтой. Аныхас, дам, кæн лæппутимæ... Уæдæ бауынаффæ кодтам? - Бауынаффæ кодтам! - кæрæдзимæ радтой сæ къухтæ. - Гъе уым байгæрдцзыстæм, гъе, уæдæ, Солтан, «метро», Бачъидты хохæн иннæрдыгæй куыд акæса! - хъæлдзæгæй, йе ’мбæлттæй разыйæ сдзырдта бригадир æмæ та разæй ахызт. - Ууылты у нæ фæндаг ног стыр хъуыддагмæ - коммунистон фæллойы коллективты æхсæнмæ. Бынæй дыууæ доны æхсæн æмæ сæ фæйнæ фæрсты комы хъæбысы хуыссыд Садоны поселок. Уым æм æнхъæлмæ кастысты Аллæ - йæ бинойнаг, геолог, æмæ йæ къаффеттæуарзаг гыццыл чызг. Хъуамæ аныхас кæна Аллæимæ дæр йæ ног фæнды тыххæй... Лæууыди хох æнцад-æнцойæ... Арвыл æнцайы Бачъидты айнæг хох. Йæхи бæрзонд сивæзта æврæгъты онг æмæ уырдыгæй фæлгæсы сæрыстырæй, Бынæй комы нарæджы хæл-хæлгæнгæ згъоры дон. Бачъидтæ... Бæрæг нæу, чи æмæ цæмæн схуыдтой ацы бынат афтæ. Кæддæр, дам, падцзахы заман, ацы зæххыл рауад стыр быцæутæ. Хохы хуылфы диссаджы хæзнатæ ис, уыш æнхъæл чи уыди, фæсарæйнаг хæлæттаггæнджытæ - бельгиаг концессионертæ та сæм, æвæццæгæн, дзæбæх хæццæ нæ баисты. Куыд дзурынц, афтæмæй бынæттон хъæздыг цæрджытæй иу, Битарты Бадила, цыдæр æгъдауæй базыдта хохы хъæздыгдзинæдты хабар æмæ, кæйдæрты балхæнгæйæ, зæхх 147
йæхи схуыдта. Фосхизæнтæ дзырддаг æмæ хъаугъайаг фесты. Уæды заманты нæ хæхбæсты зæхх адæмы дарæг дæр æмæ марæг дæр кæм нæ уыди... Фæлæ ацы хатт хъаугъа ахицæн æнæ фыдбылызæй. Хъамайы раивта хин ми... Цæвиттон, хъуыддаг æхсæны лæгтæм куы æрцыдис, уæд Бачъидтæм ссыдысты тæрхоны лæгæй, хъастгæнæгæй. Иуты бафарстой, зæхх уæхи цæмæн хонут, зæгъгæ. Уыдон алы ныхас фæкодтой, кæйдæрты æвдисæнтæй бавдыстой, фæлæ сæ хъуыддагæй ницы рауад. Фæрсынц Бадилайы: - Дæу зæхх у? -Мæн. - Ард бахæр. Уый дæр тау кæрдæгыл æрлæууыд ныфсджынæй. - Ард уын хæрын, мæхи зæххыл кæй лæууын, уый тыххæй. Æхсæны лæгтæ зæхх стæрхон кодтой садойнагæн. Цæмæй зыдтой, уымæн йæ дзабырты фæсалы бын конд кæй уыди йæ цæхæрадоны зæххæй. Лæг бахордта мæнг ард. Фæстæдæр ацы зæхх бельгиæгтæн ауæй кодта зынаргъыл. Уыдон цыдæртæ базмæлыдысты, фæлæ сын ницыуал бантыст. Лæууыди йæхицæн Бачъидты айнæг хох æнæвнæлдæй. Лæууыди йæхицæн æнæмаст, æдыхстæй. Йæ алфамбылай иннæ рæттæй æхсæвæй-бонæй хъуысти нæрын - динамитæй рæмыгътой хæхтæ, азæлди къахæнты, белты зыланг, фæстæдæр - хæд-зилгæ бырæутты къæр-къæр, уæзласæн машинæты æмæ вагонеткæты уынæр. Фæлæ сæ хъуыды дæр нæ кодта, уырдыгмæ фæлгæсыд йæхицæй бузныгхуызæй, йæ быны банорста дунейы хæзнатæ. Фæлæ фæци йæ æнцой цард. Æрцыд йæ рæстæг Бачъидты хохæн. Ардæм фæзынд советон сгарæг. Йæ даргъ дзæбугæй æрриуыгъта цыргъ къæдзæхы сиукъ, лыстæг æм æркаст. йæ цæст ахаста хохы арæзтыл, тæлмæвæрдтыл. Ракъахта æндæр рæтты дæр, уæлдæр, дæлдæр, фалдæр... Рабарста иуырдæм, иннæрдæм, къæдзæхрæбын бæрæг рæтты ныкъкъуырдта къæбæлтæ. 148
Сбæлвырд кодта бацæуæнтæ, рацæуæнтæ. Ног хæзнагуырæн «бахаста» геологон картæмæ. Йæ астæу сраст кодта сгарæг. Къухы уæлфадæй йæ ныхы хидтæ ныссæрфта. Иæ сæр батылдта. Бахудти. Дзæгъæлы нæ фæци йæ фыдæбон. Хæстæгдæр та бацыд хохрæбынмæ. Армытъæпæн уæззау æвæрд æркодта коса къæдзæхы уазал фахсыл... - Байрйай, мæ лымæн! Дæхиуыл схæц. Рауæлдай кæ, уал æмæ уал азы афтæ æдзæстуарзонæй дæ хуылфы æмбæхстæй кæй фæдардтай, уыцы хæзнатæ! Æгъгъæд сын фод æнæхъуаджы сæфынæн, æнæпайдайæ лæууынæн!.. Уыйадыл Бачъидты айнæг хохы рæбын иууылдæр змæлæг æмæ уынæр сси. Ныр ацы ран кусын байдыдта Хæдарцаты Хъантемыры хохкъæртгæнджыты бригад дæр... Ногдзаутæ Бригадир æрмæст бригадир нæу. Иннæты æмхуызон кусы йæхæдæг дæр. Хистæр та сын уымæн у, æмæ йæм ис фылдæр фæлтæрддзинад. - Фыццаг цæфы бар дæу, бригадир, - загъта Солтан æмæ хæдзилгæ бырау йе ’мбалмæ бадардта. Нуарджын къухтæм райста Хъантемыр перфоратор, йæ мидбылты бахудт. - Бузныг уе ’ууæнкæй. Цæй, амондцжын «метро» фæуæд - рæсугъд хъуыддæгтæм фæндаг! - загъта цыдæр цинæмхæст хъæлæсæйæмæ бырауы фындз хохы риумæ фæцарæзта. Перфоратортæ сæ къухтæм райстой иннæтæ дæр. Куыст стынг и. Зилынц бырæуттæ, къæдзæхы фахсыл дæлæмæ лæдæрсы донызмæст ссаддур, æмбырд кæны зæххыл... Къухты нуæрттæ ныттынг сты Хид хъары æддæмæ æмæ къæмисæнтыл уырдыгмæ тæдзы кæттаг дарæсыл, фæсонтыл. Фæлæ Хъантемыр уыдоныл нæу - йæ сæры ис æрмæст иу хъуыды: лæппутæ йын йæхимæкæсынц, сæхи ууыл хъуамæ барой. Уыимæ фыццаг бон куыд ацæуа куыст, афтæ уыдзæн дарддæр дæр. Бæгъиаты Викторы ахаст хорз зоны. Уыимæ 149
ахæцын хъæуы. Сæрæн лæппутæ ис йæ бригады. Иннæ ахæм Хъасойы-фырты бригад. Фидар дзырд ратт, ерысы бацу æмæ фæсте баззай... Нæ, сæрмæ хæссинаг нæу уый!.. Ризы буар, зилы бырау, хохы фахсы ныхсы арфæй арфдæр... Иу хуынкъ, дыккаг, æртыккаг... Фæсте йын йеуæхск чидæр æрхоста. - Аулæф чысыл. - А, Магомет. Табуафси. Хъантемыр кæсы домбæйттæ арæзт лæппуйы уæнгты ахастмæ, йæхинымæр бахуды — хатгай Магомет перфораторыл ахæм хæст бакæны, æмæ бырау дзыхълæуд ныккæны. «Йæ тых цы фæкæна, уый нæ зоны», - хъуыды кæны бригадир. Лæппуйы цурмæ бацыд, йæ фæсонтæ йын фæлмæн бахоста. - Уыцы иу хуынкъ æй акæнынмæ хъавыс? Æгæр тыххæст ыл ма кæн. Нырма бон разæй ис. Дæ тыхтыл ауæрд... Магомет худы, йæ сæр тилы: «Æмбарын дæ». Дзæбæх лæппу у Шихаев. Цыма нæ фæрæдыдысты, сæ бригадмæ йæ кæй райстой, уымæй. Æмбаргæ, фæллойуарзаг. Раст зæгъын хъæуы, хатгай йæм вæййы æнæхъуаджы митæ. Мæстыгæр у. Фæлæ хорз зæрдæйы хицау... Иууылдæр ыл æууæндынц, йе’мбæлтты сæр хъуыды кæны... Хъантемыры зæрдыл æрбалæууыд ибоны изæр. Цæвиттон, ног бригады аразыны хабар куы айхъуыст, уæд æм фæскуыст æрбацыд Магомет, комкоммæ йын йæ цæстытæм æрбакаст. - Не ’ууæндыс, нæ? - Цæмæн зæгъыс?... - йæ цæстытæ азылдта Хъантемыр. - Уæдæ мæм комкоммæ цæуыннæ кæсыс? Ома ахæстоны бадт. Уый аккаг нæу. Афтæ, нæ? Ныхъхъус дæ? Шихаев исдуг джиххуызæй, æнæдзургæйæ алæууыд. -Уæдæ æз ныртæккæ цæуын парткоммæ... - Тæвд ма кæн, Магомет. Æз дыл æууæндын... Фæлæ зоныс... Хæрам мæм ма фæу, æргом дзырды къæм нæй... Цы хъуыддаджы цæуæм, уый хорз куы зоныс. Æз аныхас кæндзынæн лæппутимæ... Æнæ уыдоны афæрсгæ дын ницы зæгъдзынæн... Бригад Шихаевы райстой. Ныр абон райсомæй иууылдæр хурыскастимæ æрбацыдысты Бачъидты хохы рæбынмæ. Уым 150
æрдхæрæгау бакодтой ног, стыр хъуыддагыл - иттæг хорз кусын, æнтыстытæ фылдæрæй фылдæр кæныныл æппæт мадзæлттæй архайын, царды фæзминаг, хæрзæгъдау уæвын. Æппæтæй зæрдиагдæрæй та дзырдта Магомет... Куы фесты, уæд Солтан йæ цуры æрлæууыд, æнæхудгæйæ сдзырдта: - Дæ дзабырты фæсалы бын зæхх конд ма уæд, æфсымæр? Иууылдæр ныххудтысты. Шихаев кæд хъазæн ныхас бамбæрста, уæддæр йæ цырыхъхъытæ фелвæста æмæ сæ æрцагьта: - Гъа, кæсут. Æппæтæй зынаргъдæр - æууæнк, æууæнк! - æмæ ныххудти. Хъантемыр ма иу каст бакодта, Магомет куыд кусы, уымæ, «гъе, афтæ, мæ хур», зæгъгæ бакодта йæхинымæры æмæ Эльбрусы цурмæ бацыд. Исдуг алæууыд æнæдзургæйæ, стæй йын хæд-зилгæ бырау йæ къухтæй райста. - Кæса, Эльбрус, къæдзæхы æвæрд куыд у, уый уыныс?... Бырау мæнæ афтæ зулаивдæр дарын хъæуы. Уæд дзы динамит фылдæр рарæмудздзæн. Хъантемыр бадзырдга иннæтæм дæр æмæ ма сын ноджы иу хатт бæстон бацамыдта, фылдæр сын цæмæй æнтыса, уый тыххæй бырау куыд зилын хъæуы, хуынчъытæ кæцырдæмыты кæнын хуыздæр у, уыдæттæ. Æрбахæццæ æд хордзентæ къæдзæх халæг. Бырауы хуынчъыты ныннадта рæмудзæн æрмæг. Иууылдæр дæрддзæфгомау хохы ’нцъылды æрæмбæхстысты. -Гъæтт, уæдæ, фыццагзалп! -фæхъæр ластаХъантемыр, æмæ цыма динамит æцæгдæр уый дзырдмæ касти, афтæ ныннæрыд. Къæдзæхы лыстæг згъæлæнтæ сæ алыварс ихуарæгау æркодтой. - Дуар батыдтам, - загъта Хъантемыр æмæ бырауæлвæстæй, раст цыма хæсты быдыры ис, афтæ размæ атындзыдта забоймæ, йæ фæдыл та - иннæтæ иууылдæр. Иу зонд хорз, дыууæ хуыздæр Бачъидты хохы æрзæты æвæрæнтæм хуыздæр æмæ хæстæг- дæр фæндаджы райдианæн кæд геологтæ «Сырх штольня» рав- 151
зæрстой, уæдцæр уый айгæрдын разынди зын хъуыдцаг. Айнæг хох æнцонæй нæ лæвæрдта йæ хæзнатæ. Бригад цас арфдæр цыди, уыйас къæдзæх кодта зындæр- гæрдæн. Æвзæрди дзы бирæ дон. Сменæ-иу фæци, иууылдæр-иу ныффæлладысты, размæ та сын ницы уыйас æнтысти. Хатгай-иу боны хæс дæр нæ сæххæст кодтой... «Исты æрхъуыды хъæуы, - сагъæсты бацыд Хъантемыр. - Дардцæр ма афтæ куы ахæсса, уæд худинаг æмæ аллайаг кæнæм. Викторы бригад нæ фæстейы фæуадздзæн. Фæлæ ма уый афтæ диссаг нæу — Виктор йæ ахуыргæнæг уыди. Дзурдзысты: «Кæд дæ бон нæу, уæд цы стырындз дæ? Иннæты хуызæн куыстаис. Коммунистон фæллойы бригады ном райсын æй бафæндыд... Уымæн лæг хъæуы!». Зын у, тынг зын, фæлæ зын уавæры фыццаг хатт, миййаг, нæ бахауд. Йæ царды фæндагыл йæ къухы, æвæццæгæн, æнцонæй ницы æфтыд. Скъола каст куы фæци Ногхъæуы, уæд бахауд хæстон-денджызон флотмæ, Дард Скæсæнмæ. Искуы дæр ма арæнхъахъхъæнæг æфсæддон науы æнцон у! ...Шторм. Тыхджын уад ныффутт кæны, цæхджын ихдоны уылæн йæ разæй аскъæфы æмæ йæ науы къуымты лыстæг пырхгæнгæ æмæ æнхъæвзгæ ахæссы. Нау æмризæджы нирризы, ныууынæргъы. Куы иуырдæм ныкъкъул вæййы, куы иннæрдæм. Цалынмæ сфæлтæрай, уæдмæ дæ æцæг денджызоныл дæр ничи нымайы... Фæлæ уыцы зынтæн куы фæрæзта, къуырццæвæнау æм чи каст, ахæм уавæртæй-иу куы рацыд... Ау, уæдæ ницы æрхъуыды кæндзæн... Уæд та дыгæйттæй кусын райдаиккой? Æмæ куынæ бафæразой лæппутæ? Бафæлвара уал æй йæхæдæг. Æхсæвы йемæ айста Къалаты Юрийы æмæ забоймæ ацыд. Тых куыст нæ, фæлæ рæстæмбис лæгæн йæ хъару цы у, уымæй фæкуыстой æхсæз сахаты дыууæйæ. Иу - брауæй зилгæ, иннæ - рельсытæ æвæргæ, иу - къанау къахгæ, иннæ - æрзæты рæдзæ- гъдтæ хæдæвгæнгæ машинæйæ вагæтты кæнгæ. Сæ февнæлд рæвдз, уæлдай змæлд, уæлдай рауай-бауай нæй... Хъантемыр Юримæ фездæхы, йæ мидбылты разыйы худт бакæны. «Уæдæ 152
бригад иууылдæр уый хуызæттæ сты. Лæмæгъдæр дзы нæй. Ацæудзæн хъуыддаг...». Фесты æхсæз сахаты. Ахицæн куыст. Хъ.антемыр банымæдтытæ кодта æмæ рабæрæг: хох бакъæртт кодтой чысыл хъуаг метр æмæ æрдæг! Уый у хæсæй иу æмæ æрдæг хатгы бæрц фылдæр! -Юрий, - фæдзырдта йе ’мбалмæ. - Макæмæн ма мацы зæгъ. Райсом кусынмæ ма рацу. Сменæйы кæронмæ-иу дæхи æрбайс. Хъантемыр-ма уыцы ’хсæв афынæй уыдаид фылдæр- фылдæр сахат-дыууæ. Лæппуты баййæфта забойы. Иууылдæр иумæ стыгуыр сты. Сæ къæхтыл бæрзондхъусджын резинæ цырыхъхъытæ. - Кæс-ма йæм, - дзуры Солтан, хохмæ амонгæйæ. - Раст цыма йе ’нæбоныл нырдиаг кæны. Йæ цæстысыг куыд ныккалы, мæгуыр... Æцæгдæр, бырау кæм базылдтой, уырдыгæйты, стæй къæдзæхы зыхъхъыртæй æнæвгъау кæлы дон æмæ забой дзаг кæны. Иууылдæр иумæ февнæлдтой, къанау айгæрстой рæбынты-рæбынты æмæ дон ууылты згъорын райдыдта... Рæмудзæг та хуынчъыты динамит банадта, райхъуысти тыхджын гуыпп. Забой хуылыдз къæйдуртæй айдзаг. - Хъахъхъæнут уæхи! - хъуысы электровозы æрыгон машинист Бесолты Эльбрусы цъæхснаг хъæлæс. Забоны рæбын фæурæдта вагæттæ. - Рæвдздæр, лæппутæ! Иннæ забойтæ мæм æнхъæлмæ кæсынц. - Гутоны дзывырыл хæцыс æви цы?- худы йе ’мбал, йе ’мном Эльбрусыл, уый хæдæвгæнгæ машинæимæ куыд архайы, уымæ кæсгæйæ. Хъулаты Эльбрус бынтон æрыгон кусæг нал у ам. Дæс къласы каст куы фæци, шахтæмæ уæд æрбацыд. йæхинымæр загъта: мæ дыууæ азы дзы ахицæн кæндзынæн, стæй - ахуырмæ. Фæлæ дыууæ азы аивгъуыдтой, ныллæууыд æртыккаг дæр, - йæ къах æй нал хæссы ардыгæй. Куыст ын фæадджын, коллективимæ схæлар æмæ та баззад. Алцы дæр хорз у, æрмæст æй мæнæ «цæрын нæ уадзы» йе ’мном - Эльбурс, йæ цыргъæвзаг хæлар. Цы йын кæна, ахæм у йæ конд: ахудын, 153
ахъазыны разæй йын къæбæр дæр ма ратт. Уæлдай хуыздæр та йæм кæсы, куы ныссырх вæййы, уæд уый. - Ныр чызг дæ æви? - нал æй фæуадзы ахæм сахат. - Цæуыл ныссырх вæййыс? - Скъæргæ, цæй, цы та йæ баййардтай? Кæс-ма амæ, дыдынбындзы хуызæн! - фæхъæр ыл кæны Карл. Уæд «хъæбæрдзых» æрыгон машинист кънопкæ фелхъивы, ныхситт ласы æмæ дæлæ æд вагæттæ фæтæхы заргæ: «Æз дазм фæрсмæ дæр нæ фæкæсдзынæн, гъей; Сырхгæнаг лæппу нæ равзардзынæн, гъей!...» Кусгæбон ахидæн. Уазал. Хуры цæст æрвгæрон æрттивы гæзæмæ мигъты æхсæнæй, — тафс дзы нæй. Къæдзæхы сиучъы фæстæйæ æвиппайды дымгæ ныффутг кæны, хохы рæбынæй митæй армыдзаг фелвасы æмæ йæ адæймаджы цæсгомыл бакалы. Хъ.антемыр йæ адæмы сабырдæр ранмæ, къæдзæхы фæстæмæ æрæмбырд кодта. Тымбыл æрбадтысты, - чи дурыл, чи хъæды лыггагыл, чи æфсæйнаг трубайыл. Бригадир йæ цæст ахаста лæппуты фæллад цæсгæмттыл. - Абон та тыхтæй-амæлттæй сæххæст кодтам хæслæвæрд. Куыд кæнæм дарддæр?.. Йæхинымæры æнхъæлмæ касти, ныртæккæ йыл сбуетæ кæндзысты, сæ къухтæ ауигьдзысты æмæ йæ хъуамæ ам иунæгæй бадгæ дæр фæуадзой. Æмбæрста, ахæм ахсджиаг ныхасæн хорз афон кæй нæ равзæрста, фæлæ æндæр гæнæн нæй. Иугæр симды бацыдтæ, уæд симын хъæуы. Зæрдиагæй йæ цæст дары лæппутæм. Æрæджиау Солтан комкоммæ бакаст бригадирмæ. - Мæнмæ ме ’дылы зондæй афтæ кæсы, Хъантемыр, æмæ нæ тыхтæ раст уæрст не сты... - Ома?.. - бригадир зына-нæзына йæ мидбылты бахудт. Цæмæ æнхъæлмæ каст, растуый загьта йæ хуыздæр, фæлтæрдджындæр кусджытæй иу. ’ - Мæнмæ гæсгæ хуыздæр уаид хицæн къордтæй кусын. Науæд æгæр схъомпал вæййæм. Кæрæдзийы цы хъыгдарæм, уый йеддæмæ хъуыддагæн ницы пайда у. 154
- Чи ма цы зæгъдзæн? - Тынг раст фæндон у, - йæ ныхас баппæрста Къалаты Юриц æмæ та цæмæндæр ныфсæрмы. -Уæдæ нæ фæндтæ баиу сты, - бæзджын хъæлæсæй сдзырдта бригадир. - Иу зонд хорз, дыууæ - хуыздæр. Солтан раст зæгъы. Бафæлварæм дыгæйттæй... Æз-ма участочы хицауимæ адзурдзынæн... Сбæрæг кодтой къæйтты, хистæрты. - Гъер æвзаг куыд у... - йæ мыдхуыз хъоппæг цæстытæ ферттывтой Эльбрусæн. - Не ’ппæт дæр хъуыды кодтам уыцы хъуыддагыл, фæлæ йæ сдзурын ничи фæрæзта. - Хъуыдытæ иууылдæр карст æмæ цæттæйæ куы гæппытæ ласиккой, уæд-ма цæрын цы хъæуид, уæлдайдæр та дæуæн... - Йе ’мбæлттæм йæ цæст æрныкъуылдта Солтан, æмæ иууылдæр ныххудтысты. Лæппутæ куыддæр фæхъæлдзæг сты. Фæллад дæр цыма цыдæр æрбаци. Къахвæндагыл куы фæуырдыг кодтой поселокмæ, уæд Солтан базарыд: Урсдоны сæрмæ сау фæрдыг, Бирæ дзы уымæн банызтон. Урс дæллагхъуыр дæ, сауæрфыг, Бирæ дæуымæн бауарзтон... Сындæггай йын бахъырныдтой иууылдæр. Зарæг-иу куы стынг æмæ-иу, базыртыл тæхæгау, комы къуымты зæлгæ ацыд, куы та-иуæй ныллæг хъæлæсæй аивæзтой. Хъантемыр цыди æмæ бæлвырд æнкъардта, йе ’мбæлттæ йæм зæрдæйæ хæстæгæй-хæстæгдæр кæй кæнынц. Мидæгæй йæм чидæр æрдæгхъæлæсæй дзырдта: «Хорз райдыдтат. Лæппутæ æмбарынц се стыр хæстæ, дæу, сæ кæрæдзийы. Уæ хъуыддаг ацæудзæн...». Иу æппæты тыххæй, æппæт - иуы тыххæй Сменæйы куыст къордтæ-къордтæй - дыгай адæймæгтæй арæзту. Магометæмæ Элвбрус абон шахтæмæ бацыдысты иумæ. 155
Магомет мæсты кодта йæхимæ. Сайд ыл æрцыд знон æмæ йе ’мбæлттæм комкоммæ бакæсын дæр нал уæнды. Æмæ цæй тыххæй?... Афтæ, æдылыдзинады фыдæй... - Эльбрус! - уыди йæ фыццаг дзырд. - Хъæддых фæлæуу! Нæ цæсгом ницæй тыххæй фæчъизи кодтам знон æмæ йæ цæхсæм! Дæумæ дæр-ма мæн тыххæй уайдзæф æрхаудта. - Ферох кæнæм уыцы хъыгаг хабар, Магомет. - Цы загьтай? Рох? Мæ мад, мæ фыдыстæн, æз уый куы ферох кæнон, уæд Магомет нал дæн! Ферох æй кæн æмæ та иннæ хатт дæр де ’ууæнк бахæр, нæ? Æмхуызонæй февнæлдтой куыстмæ. Къæдзæхы рæдзæгъдтæ уайтагьддæр куыд «атадысты», уый сæхæдæг дæр нæ базыдтой. Электровозыл кусæг Эльбрус цалдæр ныхасы скæнын йеддæмæ арæхсгæ дæр нæма скодта, афтæ Шихаев æмæ Хъулы-фырт вагонеткæтæ айдзаг кодтой. Хæдæвгæнæн машинæйæ афтæ кусæн ис, уый раздæр сæхи дæр нæ бауырныдтаид. - Афтæ куы кусай, мæ лымæн, уæд-иу райсом мæ дæлеты рауай...- æрбахъæр ма кодта Бесолы-фырт йе ’мноммæ æмæ та дæлæ фæтæхы заргæ. Дыууæ лæппуйы февнæлдтой быраузилынмæ. Шихаевæн йæ дæндæгтæ кæрæдзиуыл бандæгъдысты, фæстæмæ иу каст фæкæны, Эльбрус рельсытæ куыд æвæры, уымæ æмæ та перфоратор тыхджындæр нылхъивы. Зилы бырау, ризынц цæнгтæ. Къæдзæхы фахсыл дæлæмæ кæлы дурыссад, æмхæццæ кæны донимæ æмæ уырдыгмæ лæдæрсы ламийæ. Уыцы сахамæ кæсгæйæ Магометæн йæ цæстытыл ауадысты зноны хабæрттæ. Знон бригадæн уыди стыр бон - бригадиры райстой партийы рæнхъытæм. Фæскуыст лæппутæ рамбырд сты æмæ бацыдысты Хъантемырæн арфæ ракæнынмæ. Семæ айстой шампайнаг сæн цалдæр авджы. Фæцин кодтой кæрæдзиуыл. Магомет уырдыгæй куы рацыд, уæд ыл амбæлдысты йæ рагон дыууæ æрдхорды. Нуазæндонмæ йæ бакодтой æмæ уым фегæр... Магомет перфораторыл хъæддыхдæр бахæцы. æмæ та бырау мæсты хъуыр-хъуыр скæны. «Нæ, абон дын зноны Шихаев нал дæн, мæ тыхтæ мæхимæ сты, - хъуыды кæны, йæ дæндæгтæ 156
кæрæдзимæ нылхъивгæйæ, - Цæуыл хъуыр-хъуыр кæныс? Мæ ахаст мын нал зоныс? Фæлæ знон, знон... Цытæ рауад.... Куыдтæй йыл аивгъуыдта бон! Хъуыди-ма сæ дондзон къанау акъахын, фæлæ йæ къух ауыгъта. Бадзырдта йе ’мбалмæ: - Эльбрус, мах та чи ивы? - Юриитæ. - Уæдæ ницы кæны. Кæд нæм нæ фæхæрам уаиккой... Иу хуысчъы тыххæй йæ хорз хъуджы ничи уæлдай кæны. Дарддæр та? Дарддæр та хъуыддаг рауад афтæ. Иннæ сменæйы хъуамæ куыстаиккой Юрий æмæ Карл, фæлæ баивтой Хъантемыритимæ. Бригадир забоймæ куы бахызт, уæд доны аныгъуылд. Фырдисæй йæ бынаты лæугæ баззад. Ау, афтæ чи бакодтаид? Чи у аххосджын? Магомет. Уый куы куыста. сæ размæ. Хъантемыр стыр хъуыдыты аныгъуылд. Нæ, ам масты фæндагыл цæуæн нæй... Изæрæй Магомет, цы рауад, уый базыдта Эльбрусæй. Исдуг сагъдауæй баззад, йæ цæсгом ныттар. Бригады лæппутимæ фембæлд кинойы. Æнхъæлмæ каст, ныртæккæ йыл ныккалдзысты... Сарæх уыдзысты уайдзæфтæ. Фæлæ йæм уæлдай ныхас ничи скодта. Æрбакастысты йæм æнкъард цæстытæй æмæ сæ бынæтты сбадтысты. Кинойы фæстæ Магомет сæхимæ фæцæйцыд йæ бинойнаг æмæ йæ гыццыл фыртимæ. Æвиппайды йлн чидæр йæ цонгыл æрхæцыд. - Уе ’зæртæ хорз, Шихатæ. Магомет фæкаст æмæ куыддæр фæци. Хъантемыр. «Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та рæхуыст», - йæхинымæры ахъуыды кодта лæппу. - Ау, ай дæр загъд кæнынмæ нæ хъавы? - Салам. - Æнæууæнкхуызæй бакаст Хъантемырмæ. - Ды дæр мын æндæр ницы зæгъынмæ хъавыс, бригадир? Афтæ æнхъæл стут, æмæ Магомет æппындæр ницы æмбары? Хъантемыр та йын йæ цонг хæлар æлхъывд æрбакодта. - Æгайтма кæрæдзийы бамбæрстам, Мæхæмæт. Ууыл-ма дзурæм? — комкоммæ йæм бакасти. — Дæ разы дыл дæ цæстытæ комдзог рацыдысты: цыдæриддæр дæ зæрдæйы ис - æз сæ бакастæн. Исты ма зæгъыс? - бахудти. - Æццæй, суинаг шахтер? 157
-Хъантемыр æргуыбыр кодта Магометы чысыл фыртмæ, йæ рус ын хъавгæ раивæзта.- Цæй, хæрзæхсæвтæ. Райсом - дæ сменæ, Мæхæмæт, мæнæн та - гъер... Мах дæр Аллæимæ кинойы уыдыстæм... Афтæ, уæдæ, мæ хæлар... Иуы хъыг - не ’ппæты хъьщ иуы цин — не ’ппæты цин!... Æмæ æхсæвы тары цыдæр æрбаци. Цæй диссаг дæ, хорз æмбал... Цæй адджын!.. Магомет та перфоратор зæрдиагдæрæй нылхъывта. Абон хъуамæ радта цикл æмæ æрдæг... Зилы бырау, зары бырау. йæ мидбылты худы Магомет. Æвиппайды кусæнгарз куыддæр ферхæцыд æмæ ныллæууыд. Феуæгъддæр æй кодтой. Нæй, нал кусы - кæмдæр уæлдæфдзон труба цыдæр кодта. - Ехх, уæдæ, тыхст лæгыл дур дæр хæрдмæ куыд тулы!.. - ныккæрзыдта лæппу æмæ Эльбрусмæ фездæхт. - Сахат ныллæууыд! Тъæбæртт кæн, мæ хур, базон, труба цы кодта, уый. Æнæ йе скæнгæ ма раздæх. Ам мæ бар уадз. Рельсытæ æмæ къанау дæ фездæхтмæ рæвдз уыдзысты. Згъоргæ! Куыд рабæрæг, афтæмæй трубайыл хохы фахсæй æркалд дуртæ æмæ фæсаст. Иу хай дзы æнæхъагнæй хъуыди ивын. Слесыртæм дзура? Уый кæд уыдзæн? Эльбрус фездæхт æмæ зæронд забой кæм уыди кæддæр, уырдæм азгъордта. Штрекы ссардта бæзгæ труба. Хæлд труба æвæстиатæй ногæй баивта. Перфоратор та скуыста. Уыцы бон сæ хæс бирæ уæлдайджынтæй сæххæст кодтой Шихаев æмæ Хъулы-фырт. Иннæ бон та ноджы фылдæрæй. Афтæ куыста бригад æгасæйдæр. Алы мæй дæр йæ хæс æххæст кодта уæлдайджынтæй - 140-160 процентæй. Фæци фыццаг квартал. Бахыгътой куысты бæрæггæнæнтæ. Ерысы фæуæлахиз Хъантемыры бригад. Уый уыди фыццаг стыр æнтыстдзи над. Уалынмæ æхсызгон хабар: Зджыды Хъасойы- фырты, стæй Садоны Хæдарцы-фырты æмæ Бæгъиайы-фырты бригæдтæн лæвæрд цæуы коммунистон фæллойы коллективты кадджын ном. Уымæй дарддæр йл хуыздæр куысты тыххæй Хæдарцаты Хъантемыры бригадæн нысангонд æрцыд ФÆЖЦ- йы райкомы цæугæ Сырх Тырыса. 158
Уыдон уыдысты цинаг нысæнттæ бригады рæсугъд æмæ фæрнæйдзаг фæндагыл. Ноджы зæрдиагдæрæй февнæлдтой куыстмæ. Апрелы хох бакъæртт кодтой 80 метры, хæс 50 метры уæвгæйæ. Уый уыди ног рекорд. Майы та куыстой ноджы хуыздæр. Æнувыд фæллойы æдде-ма бригады уæнгтæ кæнынц ахуыр дæр. Бригадир йæхæдæг каст фæвæййы хæххон-металлургион техникум, Хъулы-фырт æмæ дзы Кобесы-фырт ахуыр кæнын райдайдзысты ацы аз. Ныртæккæ цæуынц шофырты курсытæм. Иннæтæ ахуыр кæнынц чи электровозы машинистты курсыты, чи изæрон скъолайы. ...Æмæ ныр кадджын æмбырды бадгæйæ, йе ’мбæлттæ бæрзонд трибунæйæ цы дзурынц, уымæ хъусггейæ, Хъантемыры цæстытыл ауадысты уыцы хабæрттæ. Цы бокодтой диссагæй? Йæ алыварс ахæм кусджытæ, шахтертæ иу æмæ дыууæ куы нæй! Мæнæ дзырды бар ракуырдтз Магомет. Иууылдæр æм ныккастысты. - Мæ хабæрттæ мын зонут, хорз адæм... Æмбæхсгæ дæр сæ нæ кæнын. Уыди мæ царды сау стъæлф... - загъта лæппу, æмæ йæ хъæлæсы уагæй бæрæг уыди, йæхимидæг тыхсæгау кæй кæны. - Фæлæ абон æз мæхи амондджын хонын, ацы бригадмæ кæй æрбахаудтæн, уымæй. Зæрдæбынæй арфæ кæнын Хъантемырæн, æппæты фыццагдæр, йæ кадджын хæрзиуæджы тыххæй, иннæмæй та... мæхи тыххæй дæр. Канд æрдзон хæзнатыл цы гуыдыртæ æвæрд ис, уыдон нæ гом кæны Хъантемыр, фæлæ уый гом кæны зæрдæйы дуæрттæ дæр. Æз, иу лæгæй, фæстæмæ царды раст фæндагыл æрлæууыдтæн Хъантемыры æмæ нæ бригады фæрцы, уыдон мæнæн феххуыс сты царды фæстæмæ мæ бынат ссарынæн... Иууылдæр ын сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд. Размæ рацыди Хъантемыр. Чысыл уыди тыхстхуыз. Исдуг алæууыд æнæдзургæйæ, иу æфсæрм каст фæкодта адæммæ. Йæ ныхас уыди хæрз цыбыр. - Мæ фæллойæн ахæм стыр аргъгонд æрцæудзæн, æз уый æнхъæл нæ уыдтæн. Фæлæ кæд мæнмæ уыцы кад æрхаудта, уæд æрмæстдæр æгас бригады руаджы. Æнæ уыдон мæнæн мæ бон 159
ницы бауыдаид. Бузныг парти æмæ нæ хицауадæй! Нæ тыхтæ нæ бавгъау кæндзыстæм ноджы хъазуатондæрæй кусынæн, коммунистон фæллойы ногдзауты рæнхъытæ фылдæрæй- фылдæр кæнынæн! - Хъантемыры фæстаг ныхæстæ фесты къухæмдзæгъды бын. Разæй, лæппуты æхсæнæй фестад чидæр æмæ ног Геройæн бахаста дидинджыты стыр баст. Уый уыди Дзибокка. Йæхиимæ дзурæгау, цинæфсæст зæрдæйæ, разæнгардæй загъта: - Куы цæуай - уæд царды гуылфæнты! —<©$©>- 160
Бырнацты Андрей АМОНДЫ ЦЫРÆГЪТÆ 1. Цæстæнгас - фидæнмæ Машинæ Æрыдоны раз фæхæрд кодта æмæ згъоры ног æфсæнвæндаджы фæрсты ныгуылæнырдæм. Дыгурыхъæу ма дард у, фæлæ дæстытæ ахсынц бæрзонд, дурæй амад труба. Уый у ирыстойнаг сæкæры фыццаг заводы бынат æвдисæн. Машинæ бахæццæ стыр фæзмæ. Чи нæ зоны ацы фæз? Дыууæ æмæ дыууиссæдз азы размæ Ирыстоны фæллайгæнджытæ Советон хицаудзинады Сырх тырысайы бын куы æрбалæууыдысты, уæд Чырыстонхъæумæ ныббырстой Деникины урсгвардионтæ. Хъæу байдзаг афицертæ æмæ салдзгттæй. Æмæ чи нæ уьщ ам? Вадбольский, Серебряков, Ляхов... Уыдон хæдзæрттæй ратардтай мæгуыр адæмы, зымæгон æртымбыл кадтой ацы фæзы зæрæдты, устыты, сывæллæтты... «...Хъæуы цæрджыты иууылдæр, зæрондæй дзидзидай сывæллоны онг, дыууадæс мин адæймагæй, ратардтой быдырмæ. Се ’ппæты дæр рæнхъытæй равæрцтой Чырыстонхъæуæй Æрыдоны астæу тыгъд быдыры. Æмæ ам райдыдтой, кæй никуы фендæуыд, ахæм цъаммар æмæ æлгъагдзинæдтæ... Кæуын, дзыназын, мæлæт... Дыгуры бастыгътой, ныддæрæн æй кодтай, сæвæрдтой йæ æгады бынаты, зæххы цъарæй йæ фесæфтой...» Афтæ загъта Кавказы адæмты уарзон хæлар, цытджын Ленины æрвыст лæг Саргей Миронович Киров. Уый уæд ноджы фидардæрæй амыдта, зæгъгæ, никуы ныббардзæн Дыгур йе знæгтæн, капитализмы æфсондзы бынæй цы адæмтæ суæгъд ис, уыдон Коммунистон партийы разамындæй базюмдзысты саразын ног цард, сарæхсдзысты, дунейы раззагдæртæ æмæ зондджындæртæ сын сæ размæ цы рухс идеалтæ сæвæрдтой, уыдоныл тох кæнынмæ! Сæххæст сты æфхæрд адæмы æдæрсгæ фидиуæджы ныхæстæ - Советон Дыгур сарæзта ног цард. 161 11
...Мах автобусæй рахызтыстæм. Стыр фæзы æвиппайды нæ цæст ахастам æнæхъæн горæтыл. Иугай, дыгай, æртыгай- æдцæгуæлæ цæрæн хæдзæрттæ. Поселочы раз сырæзыдысты Дыгуры сæкæры заводы цехтæ... Зилын райдыдтам куыстуатыл. Цас корпустæ дзы ис! Сæйраг, сæкæры цех. Сæкæры скълад. Механикон мастерскойтæ. Цæхæрайы мыггаджы скълад. Мыггæгты лаборатори. Уымæй дардцæр, теплоэлектроцентраль. Къантор. Клуб. Хæрæндон. Сывæллæтты фæз. Абана. Амбулатори. Æфсæнвæндаджы вагзал. Бæрзонд трубайæ цæуы фæздæг æмæ тайы уæлдæфы. Куыстуаты фæрстæм рæгътæ-рæгътæ лæууы цæхæра... - Диссагæй уæм нæ заводы цы фæкаст? - бафарста нæ директор, инженер Дзодцойты Виктор. Цы дзуапп ын раттаин. Махмæ ам алцыдæр диссаг кæсы. Цæхæрайæ сæкæр куыд кæнынц, цехты æмæ хайадты цæхæркалгæ сыгъдæгдзинад, кусджыты урс-урсид халæттæ... Фæлæ уæддæр уæлдай дис кæнæм, заводы бирæ кусджытæ кæй нæй, ууыл. Ранæй-рæтты та дзы уынгæ дæр никæй фæкодтам. - Кусджытæ дæм цы-ма фаг нæй, афтæ мæм кæсы... Директор бахудти. - Рыдийыс, мæ лымæн. Мах алы бон дæр сæкæр кæндзыстæм фараст миц путы. Уый бæрц продукцийæн хъæуы æрмæстдæр дæс æмæ авдыссæдз кусæджы. Уыдон нæм сты. Цæвиттон хъуыдцагæй, ацы завод арæзта, зæгъæн ис, æгас бæстæ. Цы механизмтæ, агрегаттæ æмæ прибортæ нæ хъуыдис, уыдон нын æрвыстой Ленинградæй, Мæскуыйæ, Киевæй æмæ бирæ æндæр горæттæй, уыимæ тæккæ ногдæртæй. Се’ппæты тыххæй куы дзурон, уæд райсоммæ дæр нæ фæуыдзынæн. Уымæ гæсгæ дын æрхæсдзынæн иунæг æвдисæн: трест «Южмонтажавтоматикæ» нæ заводы цы контролон-барæн прибортæ сæвæрдта, æрмæст уыдон аргъ у фондзфондзыссæдз мин сомы. Афтæ, мæ лымæн.... Завод ифтонг у автоматикæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Дыгуры сæкæры завод ныртæккæ сæкæр нæма дæтты. Фæлæ йæ фынддæс организацийы, сæдæгай кусджытæ, инженертæ æмæ техниктæ æмдыхæй аразынц. 162
2. Чысыл нывтæ историйæ - Æхсæв уаэ бон уа, - зæгъы заводы кадрты хайады хицау Бичерахты Микъала, - куыстуаты æфсæнвæндаджы станцæйы паровозы хъæр мæ хъустыл куы ауайы, уæд мæ цæстыты раз æрлæууынц заводы райгуырды агъоммæйы хабæрттæй иукъорд. Æз ныффыстон уый ныхæстæ цыбырæй. ...Уый æрæджы нæ уыд. Бирæ бонтæ йыл рацыд. Колхозтæ куы сфидар сты, уæд Дыгурыхъæуы аразын райдыдтой агро-индустриалон комбинат. Сырæзыд скъола. Сарæзтой æхсырытоварон фермæйы агъуыст. Ныссагътой дыргъцæхæрадон. Комбинаты кусджытæ Хъазбегты Амырхан, хъæуы зындгонд æхсæнадон кусæг-сылгоймаг Багъæраты Сызгъæрин, Гокъоты Гаспо, Цалиты Инал æмæ Гарданты Михал иу рæстæг куы уыд, уæд загътой: сæкæры цæхæра ахъаззаг холлаг у фосæн. Ныссадзæм æй. Кæд бирæты нæ фæндыд, уæддæр афтæ бакодтой. Сылтаныхъы быдыры æрзад диссаджы цæхæра. Бирæтæн дзы сæ уæз уыди цыппæргай-фæндзгай килограммтæ. Колхозтæм ма бирæ хорз фæндтæ уыд, фæлæ сæ къухы ницыуал бафтыд - райдыдта Фыдыбæстæйы хæст... Фыдбон æмæ, дам, фыд лæг бирæ нæ хæссынц. Сырх тырыса сфæйлыдта рейхстаджы сæрмæ. Хæсты тымыгъ раивта сабыр фæллой. Комбинат нæ рох кодта хъæуы цæрджытæй. Йæ кой цыдис ныхасы, хæдзæртты, æмбырдты. Иу сæрдыгон бон та партийы райкомы секретарь Гаппаты Иваны кабинеты дуарæй бахызтысты цалдæр зæронд лæджы, кæддæр комбинаты чи куыста, уыдон. Иван рацыд сæ размæ: - О, зынаргъ уазджытæ. Мидæмæ, мидæмæ. Сбадут, уæ хорзæхæй! Зæрæдтæ сбадтысты æмæ сын ныхас бацайдагъ. - Цæвиттон, махæн хъæуы цæрджытæ бафæдзæхстой, дæуæн, партийы æрвыст лæгæн, зæгъын: Уæрæсейæ хъуысы хорз хабæрттæ. Зоныс дæхæдæг: иу ран фæзыны завод, иннæ ран - фабрик. Кæм совхоз, кæм та - электростанцæ. Мах хъæуы та ахæмæй ницы ис. Кæд рæдийæм, уæддæр нæм уый хардзау кæсы! 163
- Афтæ, афтæ, мæ хур, - сдзырдтой иннæтæ дæр. - Махмæ гæсгæ, нæ фæсивæд дæр хъæуæй уымæн цæуынц. Афæрс-ма, кæм нæ кусынц... - Æмæ исты уый æвзæр у? - бафарста секретарь. - Тобæ, мæ хур. Хорз у. Кæм фæнды уæнт - нæхицæн фæллой кæнынц... Фæлæ ам куы кусиккой, уæд æвзæрдæр нæ уаид. Пайдадæр уаид сæхицæн дæр. Ахъуыды ма кæн. Æз мæхи цæстæй куы фенин, мæ фырт æвзæр кусы кæнæ та налат ми кæны, уæд ын афоныл зæгъин: лæппу, цы ми кæныс? Цæмæн худинаг кæныс мæ урс рихитæ?.. - Зæронд лæг асæрфта йæ ных æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта: - нæ хъæу дæр уæдæ æгады ном нæ хæссы. Йæхи æвзæрæй никуы равдыста. Дыууæ дырты — уымæн æвдисæн. Райкомы секретарь лæмбынæг хъуыста зæрæдтæм. Уый кæстæрау лæууыд йе стъолы уæлхъус. Йæ дæстæнгасæй бæрæг уыд, зæрдæ цин кæй кодта. Æмæ куыд нæ! Æхсызгон ын уыд зæронд лæгты æрбацыд. Куыд арф æвæрд сты сæ зæрдæты хорз фæндтæ. - Бадгæ скæн, Иван, æмæ нæм афтæмæй æрбайхъус. - Хъусын уæм зæрдæбынæй. - Фæнд нæм бæргæ рагæй ис, фæлæ нæ зонын, - сдзырдта Гаспо. Систа йæ риуы дзыппæй гæххæтт. Бадаргъ æй кодта Иванмæ. Уый уыд курдиат партийы Центрон Комитет æмæ Министрты Советмæ. - Сæкæры завод? - дисгæнгæйæ афарста секретарь. - Ай-гъай, сæкæры завод. - Цæхæра та уæд? - Иттæг хорз зайы нæ зæххыл. Бавзæрстам æй. Рацыдис дзæвгар рæстæг. Бирæтæй ферох ацы хъуыддаг. Æндæр куыстмæ раивтой Иваны дæр. Нæ ферох Дигорайы цæрджыты курдиат Кремлы. Иу изæр хъæуыл айхъуыст цины хабар: Дыгуры арæзт цæуы авдазоны ахсджиаг куыстуæттæй иу - сæкæры завод. Иу бон та хъæугæрон машинæтæй æрхызтысты геодезисттæ. Уайтагъд быдыры фæзынд хъæдын къæбæлтæ. Геодезисттæ нæма ацыдысты, афтæ фæзындысты аразджытæ, 164
экскаватортæ, бульдозертæ, домбай самосвалтæ. Иу изæр та быдыры ссыгъдысты электрон цырæгътæ. - Амонды цырæгътæ!.. Æмæ фæсивæд цæуын райдыдтой арæзтадмæ... 3. Æрыгон брнгадиртæ Скасти хур. Иæ хъарм тынтæ рæдауæй зæрста хæхтыл, хæдзæртгыл, бæлæстыл. Æвзистау тæмæнтæ калдта сæууон æртæх. Базмæлыдысты адæм. Дыууæрдæм згъордтой машинæтæ. Хъуыстис уæзласæн краны уынæр, адæмы хъæр: «Вирæ!», «Майнæ!» Бульдозертæ лæгъз кодтой фæз. Самосвалтæ ластой агуыридур, фæйнæджытæ, чъырызмæст. Гъе, ахæм бон арæзтадмæ æрбацыдысты дыууæ лæппуйы - Мытциты Сергей æмæ Хъойбайты Моряк. Сергейыл цыдис æвддæс азы, Морякыл - æхсæрдæс. Сæ иу ныллæг, иннæ - бæрзонд. Сергей уый агъоммæ каст фæцис ремесленнон училище. Кусын райдыдта сисамайæгæй. йæ куыст бирæ кæй бауарзта, уый тыххæй лæппуйы сæвæрдтой бригадирæй. Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг нæма рацыд, ацы лæппу та йæхи равдыста канд мастерæй нæ, фгелæ дæсны разамонæгæй дæр. Прораб Хадыхъаты Къоста Сергейы нымайы æрыгон бригадирты хуыздæртæй иуыл. Куысты у хæдзардзин, йе ’мбæлтты раст фæндагыл аразынмæ хорз арæхсы. Фыццаг бонтæй фæстæмæ æрыгон бригадир кусджыты ахуыр кодта, арæзтадон æрмæг куыд фæстауæрц кæнын хъæуы, ууыл. Фыр хæдзардзин æй хонынц йе ’мбæлттæ. Чидæр ыл æрымысыд мæнæ ацы хабар: иу изæр, дам, Сергей ацыд сæхимæ, Сырх- Дыгурмæ. Иу ран фæндагыл æвиппайды ферттывта цыдæр. «Зæгæл! Сæфдзæн!» - ахъуыды кодта лæппу æмæ æргæпп ласта машинæйæ. Цалынмæ зæгæл иста, уæдмæ машинæ афардæг. Сергей фæцыд фистæгæй. Бæрæг нæу, Сергейыл ацы худæджы хъу ыддаг чи æрымысыди, уый. Фæлæ æцæг æвдисы бригадиры хуыздæр миниуджытæй иу. Стæй йæ æрмæст ахудыны тыххæй чи æрымысыд, уый, æвæдза, 165
æнхъæл дæр нæ уыд, бирæтæн зонды хос кæй фæуыдзæн. Ныр кусджытæ æрмæг фæетауæрц кæнынц канд сæхи бригады нæ, фæлæ архайынц, цæмæй афтæ кæной иннæ, сыхаг бригæдта дæр. Æрцыдис ахæм хабар дæр. Сергейы бригады кусы Едзиты Тамби. Уæзбын адæймаг. Мадзура. Фæлæ ацы хъуыддаг афтæ арф ныххызт йæ зæрдæмæ, æмæ иу бон «фæкъæртт» ис. Цæвиттон, йæ фарсмæ цы бригад куыста, уырдыгæй иу чызг - Чыхтысты Ирæ æркалдта зæхмæ, чъырызмæстæй ма цы баззад, уый. Лæппу айтæ-уыйтæ нал фæкодта: чызгæн алывыд акалдта. Нæ йæ ныууагъта, цалынмæ змæст фæстæмæ æрæмбырд кодта, уæдмæ. Лæппумæ бакæсгæйæ адæймаг йæ худын нæ баурæдтаид. Фæлæ йе ’мбæлттæ афтæ нæ бакодтой. Æмæ цæмæн: сæхи фæндон сын æххæст кодта. Сергей йæхæдæг афтæ зæгъы: - Бузныг дæн мæ хиспер æмбæлттæ Еналдыты Ахуырбегæй, Рæманты Сергейæ, Хъазбегты Хъазбегæй. Уыдон уыдысты æфсады æмæ мын бацамыдтой, дисциплинæйыл куыд тох кæнын хъæуы, уый. Дисциплинæ-иу чи фехæлдта, уымæн-иу бригадир радта наряд: рæстæгмæ-иу æй æривта дæлдæр куыстмæ. Мытциты Сергейы бригад ныр у арæзтады раззагдæртæй иу, йæ куыст - фæзминаг. Нормæтæ æххæст кæны иу æмæ æрдæг - дыууæ хатты фылдæрæй. Тох кæцы коммунистон фгеллойы коллективы ном райсыныл. Æндæр уыд Хъойбайты Морякы фæндаг. Уый нæ сахуыр кодта сæрмагонд скъолайы. Каст фæцис æрмæст аст къласы. Хуымæтæг хъæууон лæппу. Хæдзар куыд фæаразынц, уый дæр никуы федта. Цавæр куыст радтаиккой заводы уымæн? Æрмæстдæр сау куыст. Лæппу йæ был нæ асчъил кодта. Æрмæст загъта: - Раттут мæ хорз бригадирмæ. - Цы уæлдай у, - загъта кадрты хайады хицау. - Ды кус æмæ кæмфæнды дæр уæд... - хицау ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ хъустыл ауад лæппуйы зарæг: 166
«Йæ бонæй уа зæрдсе! - Куыд хивæнд у, куы! Зæгь-ма йын: æвзæр дæ! - Уырны йæ бæгуы!». Моряк бахауд Григорий Семенович Пилюкмæ. Уыцы бонæй фæстæмæ лæппу цыфæнды ку ы куыстаид, уæддæр-иу февзæрдис бригадиры фарсмæ, каст æм æдзынæг. Григорий Семеновичы къухтæ куыд тагъд æмæ дæсны архайдтой, ууыл дис кодта. Алцæмæй дæр фарста йæ ахуыргæнæджы: - Дур растдæр куыд æвæрын хъæуы? Змæст хуыздæр кæд у: тæнæг куы уа, уæд æви бæзджын? Сисамайæныл растдæр куыд хæцын хъæуы? Куыд- иу бригадиры не’вдæлд, уæд та йын амыдтой сисаманджытæ Якименко Алексей æмæ Мушкет Николай. Цалдæр мæйы фæстæ Моряк райста фæндзæм разряд. 24-æм майы та арæзтады бирæтиражон газет «Социалистическая Осетия» на строительстве Дигорского сахарного завода», зæгъгæ, уый йæ фыццаг фарсыл стыр дамгъæтæй фыста: «Хъойбайты Морякы сисамайджыты бригад - арæзтады æрыгондæр чи у, уый - тох кæны коммунистон фæллойы коллективы ном райсыныл». - Молодец, Моряк! - газет бакæсгæйæ раппаглыд лæппуйæ Григорий Семенович. - Уыимæ ерыс кæнын худинаг нæу. Мæнæн дæр... Морякы фæскомцæдисон-фæсивæдон бригады ис 12 адæй- маджы. 12 адæймаджы - дыууадæс характеры; се’ппæтмæ нæ уыд дæсныйад. Зын зæгьæн уыди, бæрнон куысты сарæхсдзы- сты æви нæ, уый. - Æз тынг дызæрдыг кодтон, ахæм æрыгон фæсивæд куынæ сарæхсой куыстмæ. Æниу цавæр куыст: амадтой заводы корпусы къултæ,- зæгъы прораб. - Фæлæ фæсивæд сæхи равдыстой хорзæй. Моряк архайдта йæ коллектив сфидар кæныныл. Уый зыдта скъолайы практикæйæ: коллектив цас æнгомдæр уа, уыйас хъуыддаг рæвдздæр цæуы. Æмæ бригад ссис хæлар, дæскы, куыстуарзон коллектив. 160 проценты - йæ æрвылбоны куысты æвдисæн. 167
* * * Моряк æмæ Сергейы бригæдтæй уæлдай коммунистон фæллойы коллективы кадцжын ном райсыныл тох кæнынц ноджыдæр 5 фæскомцæдисон-фæсивæдон бригады. Рæхджы ма сæм бафтдзæн 6. Сæкæры заводы арæзтад у фæскомцæдисон- фæсивæдон хъазуатон арæзтад. Æрмæст фæокомцæдисонтæ дзы ис 460 адæймаджы. Уыдон активон сты канд сæ куысты нæ, фæлæ æхсæнадон архайды дæр. Фыссынц лозунгтæ. Уадзынц къулы газеттæ, «Молнитæ», «Крокодил». Аразынц субботниктæ æмæ фæрæзтæ æвæрынц фæскомцæдисон æвæрæны. Парахат кæнынц спортивон æмæ хихъæппæрисадон куыст фæсивæды ярхсæн. 4. Мæ бæллиц — вазыгджын арæзтад Алы арæзтады дæр ис штаб - инженерты æмæ техникты коллектив. Штаб у арæзтады магъз. Ныртæккæ бирæ ног куыстуæтты æвæрд цæуы тæккæ раззагдæр техникæ, автоматикæ. Уымæ гæсгæ сæ дарддæры куыст, сæ «дард» аразгæ у инженертæй, прорабтæй, механиктæй. Арæзтады управленийы сæргьлæууæг Лановенко æмæ сæйраг инженер Пресняков сты фæлтæрдджын инженертæ. Сæкæры заводы директор Дзодцойты Виктор - куыстады патриот, дæс азæй фылдæр бакуыста завод «Электроцинчы». Хистæр инженер Коваленкойæн, куыд зæгъынц, афтæмæй ацы куыстуат у фарæстæм. Дæсны монтажгæнджытæй равдыстой сæхи Борматов, Кузнецов æмæ Яковцев. Подольский, Погосян, Барсуков сты хъæппæрисджын прорабтæ. Ам ма ис хæрз æрыгон специалисттæ дæр, скъолайæ нырма æрæджы чи рацыд, ахæмтæ. Уыдонæй иу - Хадыхъаты Къоста. Ныллæггомау, саухил, хæрзконд адæймаг. - Хадыхъаты Къоста чи у ам? - машинæйæ рахизгæйæ афарста æнæзонгæ бæлццон. - Æз, - дзупп радта Къоста. - Æз та дæн республикæйы ахуырадон комбинаты директор. -Гъемæ æгас цу! 168
- Цы бетонщиктæ сахуыр кодтай, уыдон кæм сты? - айхъуыстон тызмæг хъæлæс. Æз нæ зыдтон, ныхас цæуыл цæуы, уый. Бакастæн Къостамæ æмæ фæджих дæн: цæспом фæтар. Прораб фæдзырдта кæмæдæр, стæй радта дзуапп: - Мæнæ дын бригадир, Михаил Владимирович. Уæртæ уыдон та - йæ адæм... Директор ацыд бригадиримæ. Къоста сдымдта тамако. Мæсты улæфт æй скодта: - Куыд дæм фæкаст бæлццон? - Цыма йын йæ хъуг адавтай, ахæм цæстæй дæм касти... Къоста бахудт: — Цæвиттон хъуыддагæй, мæ бригадиртæй иумæ кусы дæс адæймаджы, æрæджы ахæстонæй чи рацыд, ахæмтæ. Ницы дæсныйадыл хæст уыдысты. Ахæм адæймаг та дæсны кусæгмæ куы кæса, уæд мæсты кæны. Тынгдæр, æвæццæгæн йæхимæ. Æнæуи та æвзæр адæм не сты. Кусын дæр сæ фæнды. Зæгъ-ма, куыд сæ хъуамæ ныууагътаин афтæмæй, æз - фæскомцæдисон? Нæ, нæ уыд мæ бон афтæ бакæнын. Баныхас кодтон семæ. Курсытæ сарæзтон æмæ сæ дыууæ мæйы бæрц ахуыр кодтон бетонщиктыл. Гæххæтт сын раттын хъуыди. Фæдзырдтам горæтмæ. Æрцыдис нæм комбинатæй ахуыргæнæг. Бафарста сæ æмæ сын радта разрядтæ. Фæлæ йыл чидæр бавзаг кодта, зæгъгæ, дам, ахуыргæнæг раст нæ бакодта. Æмæ уыныс дæхæдæг: директор фæдисы æрхæццæ... Æрбаздæхт директор. Райста прорабы къух: - Бузныг, Къоста! Дæ курсанттæ дæсны кусджытæ разындысты. Иу ахæм къорд ма куы саразис... Куыд дæм кæсы? - Фендзыстæм, - дзуапп радта прораб. Машинæ ацыд. Къостайы биографи цыбыр у. Райгуырд Ольгинскæйы. Астæуыккаг скъолайы фæстæ каст фæцис Орджоникидзейы арæзтадон техникум. Куыста къорд арæзтадты - Беслæны, Орджоникидзейы горæты. Ныр та афæдзы бæрц - ам, сæкæры заводы. Хорзæй æвдисы йæхи... Æрыгон специалист арæзта цæрæн хæдзæрттæ. Куыста Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театры агъуыст аразыныл. 169
Хорз куыста. Фæлæ нæ цыд йæхи зæрдæмæ. Фæндыдис æй йæ хъару бавзарын, ахæм арæзтады кусын, æмæ йæ райдайæнæй йæ фæуыны онг йæхæдæг дзуапп кæуыл лæвæрдтаид. Бирæ курдиатты фæстæ йын загътой: сараз æхсæрдæсæм астæуыккаг скъола. Сарæзта йæ æмгъуыдæй раздæр - авд мæймæ. Адæймаг йæ куыст куы фæуарзы, йæ царды нысан æй куы скæны, уæд иудадзыг размæ тырны, зындæр, вазыгджындæр фæзилæнтæ агуры. Къоста зоны цæрæн хæдзæрттæ аразын. Сырæзти рæсугъд скъола. Фæлæ йæ куы бафæрсис, цы ма дæ хъæу ы, зæгъгæ, уæд дзуапп райсис: «Ау, уыдонæй вазыгджындæр арæзтад нæй?». Нæ, æрыгон специалистмæ йæ зæрдæ дзырдта: уыдзынæ ахæм куысты дæр. Æмæ йæ йæ зæрдæ нæ фæсайдта... Иу изæр, Къоста цы цæрæн хæдзар арæзта, уый дуармæ æрлæууыд машинæ. Æрхызтис дзы Дыгуры сæкæры заводы арæзтады прорабтæй иу. - А, Погосян. Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста? - бацин кодта Къоста йе’мбалыл. — Дæумæ æрбацыдтæн, - дзуапп радта уазæг æмæ Къостамæ бадаргъ кодта чертеж. - Æркæс-ма йæм, дæ зæрдæмæ цæуы? Къоста гæххæтмæ цас фылдæр каст, уыйас цæстытæ ирдæй- ирддæр кодтой. Сæр батылдта: — Вазыгджын у. Ай-гъай. Дæуæн дæ хъул сах абадт. Æз та... - йæ къух ауыгъта. — Фæнды дæ махмæ, Костя? — Искуыдæр ма нæ!.. Мæ бæллиц - вазыгджын арæзтад! Цалдæр боны фæстæ Лановенко æмæ Пресняков прорабмæ фæсидтысты: — Райсомæй фæстæмæ кусдзынæ сæйраг корпусыл. Техник джихæй аззад. — Раздæр дзы инженер куы куыста... Куынæ сарæхсон... — Мах лæмбынæг кастыстæм дæ куыстмæ. Уырны нæ - сарæхсдзынæ. Нæ фæрæдыд разамынд. Прорабмæ цы дыууæ бригады ис, уыдон ног ран дæр сæ куыстадон пълантæ æххæст кæнынц дыууæ хатты фылдæрæй. 170
Кадцжын у ам прорабы ном. Фæлæ къухы æнцонæй нæ бафты. - Тынг зын у, - басасти Къоста, - хатгай чертеж равзарыныл фæбадын æнæхъæн æхсæв дæр. Сахуыр æй кæнын. Вæййы афтæ дæр, æмæ мæхи бон нæ бавæййы йæ равзарын. Ахæм заманы мæм се ’ххуысы къух æрбадарынц мæ дæсны æмбæлттæ - Иван Пресняков æмæ Погосян. Фæлæ фæсмон нæ кæнын, ардæм кæй æрцыдтæн, ууыл. Ахъуыды ма кæн: сæкæры завод Ирыстоны иу йеддæмæ нæй. Мæнæн та у ног хъуыддаг. Аразæг алы куыст дæр хъуамæ йæхи уырзæй бавзара... 5. Хуыздæр хъомылгæнæг у фæллой - Вано Чохели! Михаил Багдасаров! Арæзтады иу бон ацы дыууæ мыггаджы кой йедцæмæ ницыуал уыд. Ныхас цыдис алы ран дæр - къанторы, бригæдты, партбюройы, хæрæндоны. Вано æмæ Михаилыл чи æмбæлд, уыдон сын истой сæ къухтæ. Арфæ сын кодтой. Зæрдиагæй дзырдтой, ног æнтыстдзинæдтæ уæ къухы бафтæд, зæгъгæ. Цы ’рцыди? Цы сарæзтой ацы дыууæ хæдæфсарм кусæджы? Æз бафарстон партбюройы секретарь Æлбораты Кузьмайы. У ый загъта: - Чохелийы сменæ абон бетон ныккодта 40 кубометры. - 400 проценты? Уый Чохели. Фæлæ дзы Багдасаров та цы у? - Уый та Чохелийы бригадир. Йæ ахуыргæнæг. Æз зыдтон, Багдасаровы бригад ам хуыздæрыл нымад кæй у. Нырæй размæ дæр йæ нормæтæ æххæст кодта 150-180 процентæй. Тынг ын æппæлыдысты йæ куыстæй, æмæ йæ сæвæрдтой бригадирæй, 31 лæгæй 10 уыдысты ахæстоны. Михаил Владимирович фыццаг хорз нæ бамбæрста, йе ’ккой цы стыр уаргъ сæвæрдта, уый. Базыдта йæ фæстæдæг». семæ иуцасдæр куы акуыста, уæд. Раст зæгъгæйæ, зæрдæ нæ рухс кодта уыдонмæ кæсгæйæ. Иуæй-иутæй дзы нæма ферох сты се ’взæр митæ. Куысты дæр ницæмæ арæхстысты. Исты саразын хъуыд. Фæлæ цы? Михаил Владимирович йæ сагъæстæ радзырдта Хадыхъаты Къостайæн. Прораб бамбæрста бригадиры хъынцъым. 171
- Бавдæлæм æмæ сын курсытæ саразæм, - загъта прораб. - Куыд зæгъыс, сразы уыдзысты? - Гуырысхойаг нæу. Курсытæ байгом сты. Михаил Владимирович йæхæдæг дæр кæддæр абадт ахæстоны æмæ йæ дзырд се ’хсæн тынг цыли. Лæмбынæг каст йæ адæммæ. Æппæлын аккаг дзы чи уыд, уымæй æппæлыд, æфхæрын кæй хъуыд, уый та æфхæргæ кодта. Уыдис дзы ахæмтæ дæр, æмæ къæрттæй цъула не ’ппæрстой. Уыдоны ныхмæ бригадир ракодта коллективы. Николай Куценко уарзта ахуыпп кæнын. Нозтджынæй-иу фæзынд куысты дæр. Цалдæр хатты йæ бафхæрдта. Фæстагмæ йæм бригадир бартхъирæн кодта: — Дæ митæ куы нæ ныууадзай, уæд дæ бригадæй фæтæрдзынæн! Хъуыддаг фæрæвдз. Михаил Владимирович иу хатт бафæстиат ис йæ куысты. Сæхимæ куы бацыд, уæд æмдзæрæны баййæфта загъд æмæ хъæлæба. Загьд къахæг разынд Александр Нещерат-уыд расыг. Бригадир æддæмæ ракодта Александры, ныннадта йæ уазал доны, стæй кусджыты бафарста, цы йын бакæнæм, зæгъгæ. Уыдон æмхъæлæсæй загътой: милицæмæ! Нещерат фынддæс боны фæбадт ахæстоны. Уæдæй нырмæ Александр нозт йæ дзыхмæ дæр нал хæссы. Коллектив йæ æгъдауæй, йæ фæллойæ сси коммунистон фæллойы бригады кадджын ном райсыныл тохы бацæуыны аккаг æмæ райста уыцы бар. Фæллой у хуыздæр хъомылгæнæг. 6. Абон арæзтады Аразджытæ сæ куыст фæуыдзысты æмæ афæндараст уыд- зысты æндæр рæттæм. Нæ бæстæйы арæзтадтæ чысыл, миййаг, куынæ ис! Ам баззайдзысты, сæкæр чи кæндзæн, уыдон - 150 адæй- маджы. Чи сты уыцы адæм? Се ’ппæт дæр хъæуккæгтæ. Каст фесты дæсгай кълæстæ. Фараст мæйы дæргъы ахуыр кодтой 172
Дыгуры арæзтадон училищейы сæкæры хайады. Ныртæккæ сæ фылдæр практикæйы ацыдысты Краснодары краймæ, Ног- Кубанскы æмæ Усть-Лабинскы сæкæры заводтæм. Æрæджы Беслæны маисон комбинаты ахуыр кæнын райдыд- той ноджы 37 лæппу æмæ чызджы. Уыдон сты эксплуатацион- никтæ. Кусдзысты турбинтыл, управленийы щиттыл, лаборато- рийы, прибортыл. Рæхджы Краснодары краймæ практикæйы ацæудзысты техниктæ дæр. Æмæ цалынмæ бынæттон кадртæ сæкæр фыцыны дæсныйад ахуыр кæнынц, уæдмæ уал арæзтадон фæзы куыст тыхджынæй- тыхджындæр кæны. Ацы бонты сисамайджыты, пълотникты, монтажникты, бетонзмæнтджыты æмæ шофырты архайдмæ адæймаг лыстæг куы æркæса, уæд æнæмæнг фендзæн диссаджы хъуыддаг - цæвиттон, иу дæр æнцой нал зоны: сæ цыд - згъоргæ, сæ куыст - хæлофæй. - Арæзтады фæуынмæ ма баззад æрмæстдæр 100 боны! - зæгъы посторйкомы сæрдар Гæзалты Хъазыбег. Арæзтад цас хæстæгдæр кæны йæ кæронмæ, уыйас куыст æх- сиды тынгдæр. Фæстаг æхсæз мæйы цы сарæзтой, уый у дыуу- адæс милуан сомы аргъ. Сæдæ боны дæргъы та ма хъуамæ схардз кæной æвдцæс милуан сомы, ома 170 мин сомы алы бон дæр! Чысыл ма баззад рæстæг. Завод аразæг 15 организацийы размæ лæууы бæрнон хæс: уыдон хъуамæ бавæрой æмæ монтаж скæной дæс æмæ ссæдз километры алыхуызон трубатæ, сарæзтой æхсæз мин квадратон метры æфсæйнаг æмæ бетон хъайвантæ æмæ цартæ, авд мин кубометры агуыридур æмæ бетонæй арæзт къанæуттæ, бахгæной æфсæйнаг плитатæй дæс мин квадрат метры пъол. Дыгуры сæкæры завод аразджыты коллектив у дæсны, куыстуарзон æмæ хъæппæрисджын. Коллективы размæ субподрядон организацитæ сæ хæс куы сæххæст кæной, уæд ыл ныхас дæр нæй, 1-æм октябры, æмгьуыдæй афæдз раздæр, уый заводы кусджытæн кæй зæгъдзæн: - Айсут уæ завод. Кусут дзы фæрнæй! Дыгурыхъæу, июнъ 1960 аз 173
Саламты Алнхан ÆХСИДГÆ ЦАРД 1959 аз. Уалдзæг йæ цъæх гауыз зæххыл парахатæй айтыгъта. Æрдз йæ бæрæгбоны дарæс скодта. Цъиутæ алæмæты диссаджы рæсугъд зарынц. Зæронд Сæна æмæ Хъæриу бæрзондæй райдзастæй кæсынц, фосрæгъæуттæ хуссарвæхстыл, лæгъзыты куыд хизынц, хæххон дæттæ æвзист тæлмытæй сæ гакъон-макъон фæндæгтыл хъæлдзæг ныхасгæнгæ дард кæдæмдæр куыд згъорынц, уымæ... Рæсугъд у æрдз, уæлдайдæр ныр, уалдзæджы тæмæны! Рæ- сугъддзинады уындæй адæймагмæ тынгдæр цæуы цæрын, ку- сын, зарын... Æмæ хуымæтæджы нæу, Цæгат Ирыстоны медицинон институты студенттæ рæсугъддзинады тыххæй дæр сæ диспут уалдзæгæмæ кæй рахастой, уый. Институты залы къух бакæнæн нæй фæсивæдæй. Се ’мбырд- мæ æрбахуыдтой пединституты студенттæ æмæ ахуыргæнджы- ты дæр. - ...Æз афтæ æмбарын, æмæ рæсугъддзинад у, - æнувыдæй дзуры æрвхуызцæст, бурдзалыг чызг нейлон кофтæйы, - адæймаг рæсугъд дарæсы куы цæуа, йæхи æгъдауджынæй куы æвдиса, сыгъдæгдзинад куы уарза... - «Æвдиса», «уарза»! - йæ размæ чи дзырдта, уый ныхæстыл мæсты худтæй райдыдта йæ ныхас саулагъз лæппу, йæ уæлæ асламгомау тæбын костюм. - Хи æгъдауджынæй æвдисын æмæ сыгъдæгдзинад æгыъæд не сты адæймаджы рæсугъддзинадæн. Мæнæн иу сыхаг ис. Чызг. Уый æдзухдæр цæуы зынаргъ æмæ сыгъдæг дарæсы, æдде йæхи æвдисы уæзданæй. Афтæмæй сæ хæдзары йæ къух уазал доны дæр никуы атылдта, йæ мад æмæ йæ фыдмæ фæстæмæ дзуры. Уый у, мæнæ рæсугъд дидинджыты къудзийы бын сау калм куы нымбæхса, уыйау. Адæймаг хъуамæ хъæздыг уа мидкультурæйæ. М. И. Калинин афтæ загъта, зæгъгæ, дам, 174
адæймаг æваст нæ бабæтты галстук: Куы йæ бабæтты, уæд уый та иу санчъех у культурæмæ, удыхъæдæй фæрæсугъддæрмæ... Бирæ ныхасгæнджытæ уыди диспуты. Сæ фылдæр дзырдтой раст, худтысты «стилягæтыл», лæвархортыл, æппæлыдысты коммунистон фæллойы бригæдты уæнгтæй, куыстады æмæ ахуыры раззагдæртæй. Фæлæ ныхæстæ тынгдæр уыдысты иумæйаг, теоретикон. Залы фæстиаугомау йæ дыууæ чызг-æмбалы æхсæн бадти хæрз æрыгон, тарбур къæбæлдзыгсæр, цъæхдзæст, ныллæгго- мау чызг, йæ уæлæ розæхуыз тæнæг кофтæ æмæ тарсырх юбкæ. Зæрдиагæй хъуыста ныхасгæнджытæм. Уый уыди фыццаг курсы студенткæ Ритæ Штемлер. Ритæйы зæрды нæ уыди ныхас кæнын, фæлæ фæстагмæ йæхи нал баурæдта æмæ дзырды бар ракуырдта. - Æмбæлттæ! Раст у, адæймаджы цæст рæвдауынц æрдзы рæсугъддзинад, хорз хуыд, сыгъдæг дарæс, рæсугъд, хæрзконд адæймаджы уынд, уæздандзинад æмæ æндæртæ, — райдыдта йæ ныхас Ритæ, хатгай фæкъæдз-фæкъæдзгæнгæ. - Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, нæ абоны диспуты сæйраг нысан у хуымæтæджы рæсугъддзинад нæ, фæлæ адæймаджы рæсугъдцзинад. Уыдонæн та, мæнмæ гæсгæ, сæ сæйрагдæртæ сты цардбæллонад, ныфс, кусын уарзын, исты хорз нысанмæ тырнын, рæстзæрдæ уæвын æмæ бирæ æндæр ахæмтæ. Æмæ мах æхсæн ис ахæм адæймаг. Уый у нæ хистæр æмбал, нæ хорз ахуыргæнæг Салхъазанты Данелы фырт Иван, мах, фæсивæды хæлардзинады уагыл чи хъомыл кæны... Залы æваст ныннæрыди тыхджын къухæмдзæгъд. Райхъуысти лæппуты æмæ чызджыты хъæртæ: «Раст зæгъыс! Тынг раст зæгъыс, Ритæ!» Чызг ныссырхи æмæ æрбадт йæ бынаты. Рæсугъд адæймаг. Салхъазанты Иван. Æмæ чи у уый? Цæстытыл ауад сахъгуырд Иваны намысджын цард. Зын æмæ хъæбатыр фæндагыл æрбацыд Иван мединституты марксизм- ленинизмы ахуыргæнæджы бынатмæ. 1916 аз. Хæххон гыццыл хъæу Гæлиат, Мæхческы районы. Уыцы аз ам Салхъазанты Данелæн райгуырд фæндзæм сывæл- лон, Иван. Райгуырд лæппу! Цины хабар! 175
Фæлæ циныл нæ уыд Данел. Уымæн ноджы фæфылдæр сты йæ сагъæстæ, йæ мæт: æнæзæхх, æвадат хæхты цъассыты цæмæй хæсдзæн утæппæт сывæллæтты?.. Рацыдис-ма иу аз, æмæ талынг къуырма хæххон хъæу Гæлиатмæ байхъуыст Цытджын Октябры революцийы хабар. Тард æрныдысты фæллойгæнæг адæмы тугцъиртæ, зæхджынтæ, хицаудзинад сæхи къухтæм райстой кусæг кълас æмæ мæгуыр зæхкусджытæ... Данел йæ бирæ бинонтимæ ралыгъди быдырмæ. Æрцарди Змейкæйы станинæйы Советон хицаудзинады æххуысæй. Зæхх - фаг, стяницæйы иннæ цæрджытимæ - æмсæр, æмбар. Хæххон зын уавæрты фæлтæрд Дауыт йæ цоты чысылæй фæстæмæ сахуыр кодта кусыныл, бауарзын сын кодта фæллой. йæ чысылæй фæстæмæ цæрдæг, æнæзивæг рахаста Иван. 1929азыДанелстаницæйымæгуырцæрджытыраззагдæртимæ бацыди Змейкæйы Ленины номыл колхозмæ. Иван куыста колхозы. Уыди бæхгæс, хъомгæс, хуыгæс, рывта нартхор, халсартæ. Фæлæ канд ууыл нæ хицæн кодта фæскомцæдисоны куыст: уый уыди колхоз фехалыныл алы мадзæлттæй архайæг кулакты ныхмæ активон кусæг, станицæйы хихъæппæрисадон къорды активон уæнг. Мæнæ нæ разы ис 1957 азы 2-æм июны газет «Молодой коммунист». Уым Змейкæйы Ленины номыл колхозы раздæры сæрдар, 25-минон, Никополы æрзæткъахæны кусæг, Петр Еркин йе статья «Ногдзинадыл тохы», зæгъгæ, уым фыссы: «Коллективизацийы фыццаг азты хъæуы культурон хуыз аивыны хъуыддаджы стыр ахсджиаг куыст бакодтой фæсивæд. Уыдон арæзтой концерттæ, цы æхца истой. уыдонæй та станицæйы библиотекæйæн æлхæдтой чингуытæ, музыкалон инструменттæ. Ныр дæр-ма Змейкæйы зæрæдты зæрдыл уæлдай тынгдæр арфæйагæй лæууынц активондæр фæскомцæдисонтæ Салхъазанты Иваны, Моргуаты Федоры, Раздорский Валентины, Залеты Нинæйы æмæ бирæ æндæрты нæмттæ. Уыдон, сæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, активонæй архайдтой сæ артелы цардарæзты, тох кодтой хъæуы цард ног уагыл рацаразыныл...» Уæд æвзонг фæскомцæдисон Салхъазанты Иван ахуыр кодта колхозон фæсивæды скъолайы дæр æмæ йæ каст фæци 1934 азы. 176
Ахуыр кæнын Иванæн кæддæридцæр уыди йæ сæйрагдæр бæллицтæй иу æмæ 1936 азы бацыд Краснодары арæзтадон рабфакмæ. Каст æй фæци 1937 азы. Рабфачы ахуыр кæнгæйæ, Иваны арæх фенæн уыди куыройы, электростанцæйы, вагзалы... Иннæтæй æгуыдзæгдæр цæмæн хъуамæ уон, зæгъгæ, куыстуарзон лæппу уымыты кодта алы уæззау куыстытæ. Рабфак каст фæуыны фæстæ, 1937 азы, Иванмæ фæсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уым каст фæцис пъолчъы скъола, сси политрукы æххуысгæнæп Марксизм-ленинизмы теорийæ хи хорз сифтонг кæныныл Иван йæхи хъарын райдыдта суанг колхозон фæсивæды скъолайы ахуыр кæныны рæстæджы. Æмæ ныр, 1939 азы, æфсадæй демобилизацигонд куы æрцыд, уæд бацыд Ленинграды коммунистон институтмæ. Райдьщта ахуыр кæны. Йæ ахуыр цыди тынг хорз. - Цы хъуыдис ахуыр кæнын ахæм хорз уавæрты! - æрымысы ныр Иван уыцы бонтæ: -Хорз æмдзæрæн - рухс, хъарм, сыгъдæг. Хъæздыг библиотекæ. Ме стипенди мын цæрынæн фаг кодта уæлдайджынтæй... Фæлæ уалынмæ... О, фæлæ уалынмæ хæлд æрцыди нæ Райгуырæн бæстæйы сабыр цард: финнаг фашисттæ хурныгуылæны империалистты ардыдæй хæст ракъахтой нæ бæстæйæ. Иван бадтис институты уæрæх, райдзаст кæсæндоны æмæ йæхи цæттæ кодта экзаменмæ Советон Цæдисы Коммунистон партийы историйæ. - Æвирхъау хабар, Иван! - йæ хъустыл ауад лæппуйæн. Æваст йæ сæр фелвæста, йæ цуры ауыдта йе’мбал студенты. - Цытæ дзурыс!? Хъазгæ кæныс? - афæлурс ис Иван æмæ фестад йæ мидбынаты. «Ау, Финлянди мах бæстæмæ æрбалæбурдта?! Æмæ мах куы никæйы хъыгдарæм, - ахъуыды кодта уый уыцы сагъдау лæугæйæ. - Цом! - зæгъгæ, фæхæцыд йе ’мбалы цонгыл æмæ фæрасти. - Кæдæм? - афарста йæ йе ’мбал цæугæ-цæуын. - Горæты æфсæддон комиссарадмæ! Фронтмæ, нæ бæстæ знагæй бахизынмæ... 12 177
Фæлæ æфсæддон комиссарады Иваны курдиатыл не’сразы сты. - Ацу æмæ уал дæ ахуыры куыст кæн. Кæд хъæуай, уæд дæм дзурдзыстæм, - ахæм ныхасимæ йæ рарвыстой уырдыгæй. Гæнæн нал уыд, æмæ Иван дарддæр цæттæ кодта йæ экзаментæм. Змейкæмæ ныффыста, каникулты нæхимæ уыдзынæн, зæгъгæ. Экзаментæ радта æмгъуыдæй раздæр. Ацыд вагзалмæ билет исынмæ. Фæстæмæ институтмæ куы ’рбацыд, уæд уым баййæфта иу хæстон лæджы. Уый дзырдта, фронты уавæр хорз нæу, саразын хъæуы лыжæтыл бырæг батальон, зæгъгæ. Иван йæ билет аскъуыдтæ кодта æмæ тагъд-тагъд йæ хомæ писмо афыста: «...цæуын фронтмæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæйы дзæбæхæн экскурси нæу... Фæлæ æз, хæххон лæппу, цæрын нæ сæрыстыргæнæг рæсугъд горæт Ленинграды. Стыр райдзаст хæдзары. Ахуыр кæнын, исын стипенди... Аны цард нын чи сарæзта, адæмы амонды сæраппонд сæ цард ауæлдай кæнгæйæ, уыдоны-В. И. Ленины æмæ уый æмтохгæнджыты рухс идейæтæ махæн нæхи удтау зынаргъ сты... Æмæ æз цæуын мæ хæс æххæст кæнынмæ — агъуыд империалистон балбирæгътæй нæ социалистон Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ, уымæн æмæ мæнæн мæ цард у нæ сæрибар социалистон бæстæ...» Æмæ Салхъазаны фырт ацыд фронтмæ. Иван уæд уыди нæ Коммунистон партийы уæнгтæм кандидат. Скодта æнахуыр карз зымæг. Хъызт. Арф мит. Лыжникты батальон-иу февзæрди, знаг ын æнхъæл кæм нæ уыд, ахæм ран æмæ æвастцæфтæй дæрæн кодта финаг лæбурджыты. 1940 азы 3-æм мартъи. Уыди ма зымæгау хъызт æмæ митджын. Дарддæр цыди финаг лæбурджыты ныхмæ хæст. Знаджы къухы ис, стратегион æгъдауæй ахсджиаг чи у, ахæм фидар. Цыфæндыйæ дæр байсын хъæуы уыцы фидар. Уæд бирæ фенцондæр уыдзæн размæ абырсын. Уыцы хæс баргонд æрцыд. Иван кæм уыд, уыцы лыжникты батальонæн. Цæуын æм хъуыдис ихыл, Ладогæйы цадыл. Советон хæстонтæ знаджы фидармæ хъуамæ бабырстаиккой æнæнхъæлæджы. фæлæ уыдон нæмя бахæццæ сты, афтæ сæ знаг 178
базыдта æмæ нæ лыжникты батальоныл ныккалдта алы хуызы хæцæнгæрзтæй. - Размæ, нæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд! - ныхъхъæр кодта батальоны командир. Салдæттæ размæ абырстой хъазуат хæстмæ. Знаджы фидар ист æрцыд. Фæлæ уыцы карз хæсты Салхъазанты Иван фæцæф ис сармадзаны нæмыджы схъиуæццæгтæй: схъиуæццæгтæ баныхстысты йæ буары, стæй йæ дыууæ цæсты дæр. Бон æваст аталынг Иваныл. Нал уыдта дунейы рухс. йæ зæрдæ йын æрбалвæстой алы æнкъард, ныфссæттæн хъуыдытæ. «Æз хæстмæ куы цыдтæн, уæд цæттæ уыдтæн мæ цард раттынмæ дæр, - дзырдта йæхинымæр Иван, - ныр цæргæ баззадтæн. Фæлæ ма цы пайда æрхæсдзынæн мæ адæмæн, нæ бæстæйæн куырмæй?..» Иван хуыссы Ленинграды æфсæдцон-медицинон академийы клиникæйы. Салхъазаны-фыртмæ клиникæмæ арæх цьщысты йе ’мбæлттæ, дзырдтой йын фронты хабæрттæ. Æнкъард кæнын æй нæ уагътой. Фæлæ уый уæддæр сагъæстæ кодта: æнæниз, æдхъару лæппу, цардбæллон, куыстуарзаг... Æмæ ныр нал хæстон у, нал ын йæ ахуыры хъуыдцаг кæронмæ ахæццæ кæныны амал ис. Хорз, æмæ уæдцæр йæ хæс сæххæст кодта уарзон Райгуырæн бæстæйы раз. Уый йын йæ зæрдæмæ уагъта рухсы цъыртт, ныфс... Ахæм хъуыдытыл та куыд ахæцыд, афтæ йæм æваст фехъуысти: - Дæ бон хорз, æмбал Салхъазаны-фырт! - Æгас цу! - йæ сæр фæзылдта æрбацæуæджырдæм Иван. - Гъы, куыд сты дæ хабæрттæ? — бафарста та æрбацæуæг. - Куыд уыныс, афтæ, - æнæбары дзуапп лæвæрдта Иван. - Æз ницы уынын, - бахудтис æрбацæуæг. - Тынг хъыг мын у, кæй нæ уыныс, уый, - йæ хъæлæс фæныллæгдæр кæнгæйæ, загъта рынчын æмæ ахъуыды кодта, ай зонгæ исчи у æмæ йæ зæрды æвæццæгæн хъазын ис, зæгъгæ. Фæлæ та уæдмæ æрбацæуæг загъта: - Æз дæн профессор Коваленко, Борис Игнатьевич, куырм профессор. Кусын Герцены номыл педагогон институты. Ныртæккæ уырдыгæй цæуын мæ лекцийæ. - Æмæ профессор 179
цыбырæй йæ хабæрттæ ракодта Иванæн. Уый раджы бакуырм. Фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ асасти, сахуыр кодта. Æмæ ныр у профессор, лекцитæ кæсы педагогикæйæ номдзыд институты (Иван зыдта Ленинграды Герцены номыл институт). - Салхъазаны-фырт, ды ныр дæр ахуыргонд дæ - коммунистон институты студент. Дæуæн цы хъæуы дæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæнын! - бахудти-ма профессор Коваленко, стæй хæрзбон загъта æмæ рацæйцыд. Иван хъуыдыты адзæгъæл: «Иу дзырдæй, æз дæр нырма, чи зоны, сбæззон æмæ царды уæлдай ма уон!» - О, хæдæгай, - фæстæмæ фæзылд Борис Игнатьевич. - Æз уæм а-дыууæ боны æрбарвитдзынæн иу адæймаджы æмæ уын лекци бакæсдзæн. Тынг хорз лектор у. Æмæ дыууæ боны фæстæ клиникæмæ æрбацыд лектор. Уый уыди Горячева Ольгæ Константиновнæ, Ленинграды институттæй иуы марксизм-ленинизмы кафедрæйы лектор. Куырм. Йæ лекци рынчынты зæрдæмæ тынг фæцыди. — Уыцы дыууæ адæймагимæ фембæлыны фæстæ мæ цин æмæ мæ ныфсæн кæрон нал уыди, - дзуры Салхъазанты Иван. - Уæдæ, зæгъын, къухтæ бафистæг кæнын хъæуы æмæ хъуамæ мæ бынат æрцахсон нæ дарддæры цардарæзты! Иваны йæхи институт дæр хуыдта фæстæмæ, фæлæ уый 1940,азы сентябры бацыд Ленинграды университетмæ, йæ ног хæлæрттæ Б. И. Коваленко æмæ йын О. К. Горячева кæдæм бацамыдтой, уырдæм. Уым æнтыстджынæй ахуыр кодта философион факультеты 1942 азы февралы онг, цалынмæ блокадæгонд хъæбатыр горæты ахуыр кæныны амал уыди, уæдмæ. Уырдыгæй эвакуацигонд æрцыд Ирыстонмæ. Иу мæй фæци сæхимæ. «Афтæ бадынæй - ницы. Хæст. Скъолаты хъæуы ахуыргæнджытæ», — загъта йæхинымæр Иван æмæ бацыд районы ахуырады хайады сæргълæууæг æмб. Æлбегаты Раисæмæ. Райдыдта кусын Елхоты астæуккаг скъолайы историйы ахуыргæнæгæй. Акуыста æртæ мæйы. Фæлæ Гитлерон лæбурджытæ æрбахæстæг сты Ирыстонмæ. Æмæ Иван хъæуы бирæ цæрджытимæ иумæ ацыд хæхты ’рдæм. 180
Уый адæмæн иудадзыг æмбарын кодта, немыцаг лæбурджыты ныхмæ Фыдыбæстæйы хæсты мах æнæмæнг кæй фæуæлахиз уыдзыстæм, гитлеронтæ дæрæнгонд кæй æрцæудзысты. Немыц тард æрцыдысты Ирыстонæй, Кавказæй. Æмæ 1943 азы июны мæй Салхъазаны-фырт республикæйы социалон æххуысады министрады курдиатмæ гæсгæ кусын райдыдта куырмыты æхсæнады Цæгат Ирыстоны хайады сæрдарæй. Рæстзæрдæ коммунист уым æнувыдæй фæкуыста 1952 азы октябры онп Иванæй йе скъола рох никуы кодта. Уый 1952 азы бацыди СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы цур партион скъоламæ æмæ йæ 1954 азы фæци æнтыстджынæй. Уыцы аз Иван каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон факультет дæр. Уый уым фæсаууонмæ ахуыр кодта 1950 азæй фæстæмæ. Æмæ ныр, 1954 азы сентябрæй фæстæмæ, Салхъазаны- фырт кусы партийы историйы ахуыргæнæгæй Цæгат Ирыстоны медицинон институты. Ахæм фæндагыл æрбацыд уый ацы институтмæ. - Æппæт наукæты сæр марксизм-ленинизм, нæ цытджын Коммунистон партийы намысджын истори хорз сахуыр кæнын кæддæриддæр уыдис мæ сæйраг бæллиц, - зæгъы Иван. - Марксистон-ленинон наукæ - уый ныр мæнæн у - мæ цæстытæ, уый руаджы æз бæлвырд уынын канд нæ абоны царды рухс нæ, фæлæ нæ амондджын рухс фидæн дæр. Гъе уыцы цытджын ахуырад мæнæн дæтты ныфс æмæ æвидигæ хъарутæ институты педагогон куыст кæнынæн, нæ советон фæсивæды коммунистон уагыл хъомыл кæнынæн. Афтæ зæгъы Иван. Æмæ уымæй иу минут дæр рох нæу цытджын Ленины амынддзинад - иудадзыг дæр хиуыл кусын, зонындзинæдтæ æппын æнæсцухæй фылдæр кæныны тыххæй. Уый иудадзыгдæр кæны ахуыр. Салхъазанты Иван аспирантурæ каст фæци Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институты æмæ ныртæккæ иттæг зæрдиагæй кусы йæ диссертацион куыст фæуыныл ахæм темæйыл: «Цæгат Ирыстоны организаци республикæ индустриализаци скæныныл тохы 1928-1937 азты». 181
* * * Институты цæуы уалдзыгон-сæрдыгон сесситæ. Марксизм- ленинизмы кафедрæйы кабинетмæ иугай-дыгай цæуынц студенттæ. Салхъазанты Иваны размæ стъолы уæлхъус бады дыккаг курсы студент, цæцæйнаг лæппу Муртазаев. Уый хъуыдыгæнгæ дзуры хæстон коммунизмы тыххæй, колхозон арæзтады тыххæй. Бæрæг у: хорз сахуыр кодта æрмæг. - Æмб. Муртазаев, кастæ М. Шолоховы «Поднятая целина»? Радзур-ма уæдæ 25-минон Давыдовы архайды тыххæй. Кусæг кълас хъæутæн цавæр æххуыс бакодта коллективизацийы æмæ кулакты куыд кълас фесафыныл тохы рæстæджы, - фæрсы ахуыргæнæг. Лæппу ацы фарстæн дзуапп куы радта, уæд та Салхъазаны- фырт бафарста: - Радзур-ма Японы цауты тыххæй, Эйзенхауэры æгады балцытыххæй... Æмæ студент бæлвырд цы нæ фæзæгъы, уыдон ын бамбарын кæны Иван йæхæдæг. Иу иннæйы фæстæ цыдысты студенттæ ахуыргæнæджы стъолы цурмæ зачеттæ дæттынмæ. Æмæ ам адæймаг йæ хъус æппæты тынгдæр цæмæ æрдардта, уыдон сты, зачеттæ исæг нæ партийы истори æмæ нæ абоны царды .хæстæ, дунеон политиком царды фарстатæ куыд биноныг зоны, программæйы æрмæгæй студенты бафæрсынмæ куыд дæсны у, уыдæттæ... Æмæ Салхъазанты Иван æвзыгъд у æцæг адæймаджы миниуджытæй: уый йæ размæ æвæрд нысан æдзухдæр уыны бæлвырдæй, у æнæфæцудгæ ныфсджын йæ райдыд хъуыддаг кæронмæ ахæццæ кæнынмæ, у иудзырдон, нæ тæрсы цыфæнды зындзинæдтæй дæр. Фæлæ канд уыцы миниуджытæ нæй Иванмæ. Уый у фæлмæн, рæсугъдзæрдæ адæймаг, нæ бæстæйы, зонгæты, хи бинонты амонд æмæ хорздзинæдтæ йæхи амонд, йæхи цин кæмæ кæсынц, адæмы æнтыстдзинæдтæ йæхи æнтыстдзинæдтау кæмæ кæсынц, ахæм адæймаг. 182
- Царды рæсугъддзинæдтæн, мæнмæ гæсгæ, иу у бинонты нывыл, æнувыд цард, - зæгъы Иван æмæ архайы, йæ бинонты цард æдзухдæр хæлар, уарзонæй цæмæй цæуа, ууыл. Уый йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йыи кæд царды йæ бынат æрцахсын бантысти, уæд фыццаджыдæр нæ парти æмæ советон хицауады æрвылбоны æнувыд аудындзинады фæрцы. Зæрдæбын æмæ йын иттæг стыр æххуыс бакодта йæ цардæмбал къай, Хъалæгаты Иласы чызг Ирæ. Иваны зæрдыл арæх æрлæууы иу цау. Уый уыди, партскъолайы ма куы касти, уæд. Йæхи цæттæ кодта фыццаг семинартæй иумæ. Райсом уыдзæн семинар. Фæлæ... Иваны зæрдæ цæмæндæр йæхимæ æхсайы: «куыд вæййы, цы вæййы, мыййаг, ахуыргæнæджы искæцы фарстæн аккаг дзуапп куы нæ радтон!» Райхъал фæсæмбисæхсæв дыккæгæм сахатыл. Ирæ уыд фынæй. Куыд æй райхъал кæна: тæригъæд у. «Цæй, иу сахат-ма уæддæр афынæй кæна, кæд йæхæдæг райхъал уаид», - хъуыды кодта Иван. Уалынмæ Ирæ райхъал, бауайдзæф кодта йæ лæгæн: «Уыцы сахат мæ цæуылнæ райхъал кодтай? Иугæр ма ахуыр кæнын хъæуы, уæд мæ райхъал кæн. Уæдæ куыд?» Ус сыстад æмæ суанг бонмæ иумæ фæцæттæ кодтой æрмæг семинармæ. Семинар хорз ацыд. Æмæ ахæм цаутæ бирæ уыди сæ царды. - Адæймаг цас цардбæллондæр, рæстзæрдæдæр уа, цас йæ райгуырæн бæстæ фылдæр уарза, цас фылдæр зона, нæ рухс фидæныл тынгдæр æууæнда, уый бæрц æм рæсугъддæрæй зыны цард, - зæгъы Салхъазанты Иван. — Æз хорз æнкъарын цард, уынын нæ цардвæндаг, æмæ мæ зæрдæ рухс у уымæй! О, раст зæгъы, тынг раст зæгъы Иван. —<©$©>— 183
ИРОН АДÆМЫ КУЛЬТУРÆЙЫ СТЫР БÆРÆГБОН Советон бирæнацион кулыурæ рæзы æмæ фидар кæны марксизмы-ленинизмы идейæты бындурыл, пролетарон интернационализмы, адæмты æфсымæрон хæлардзинады бындурыл. Нæ культурæйы стыр æнтыстытæ къухы бафтыдысты Стыр Октябры социалистон революцийы фæрцы. Советон культурæ тынг рæзы уымæн, æмæ уый у æцæг адæмон культурæ, рæзы нырыккон раззагдæр идейæты бындурыл, æвдисы адæмы национ æнкъарæнтæ. Коммунистон партийы разамындæй, стыр уырыссаг адæмы æмæ ССР Цæдисы иннæ адæмты æххуысæй Советон хицаудзинады азты дæргъы Цæгат Ирыстон сси æрттивгæ советон социалистон республикæ, тыхджын сырæзыдысты йæ промышленность æмæ механизацигонд хъæууон хæдзарад. Сырæзыд йæ хуызмæ гæсгæ национ, йæ апмæ гæсгæ социалистон чи у, йæ ахæм раззагдæр культурæ. Революцийы агъоммæ Цæгат Ирыстоны алы сæдæ адæймагæй дæр 90 уыдысты бынтон æнахуыргонд. Скъолатæ нæм уыдис æрмæст искуы-иу ран. Уым дæр фылдæр ахуыр кодтой бонджынты цот. Октябры революцийы фæстæ уавæр бынтон фендæрхуызон. Советон хицауады фыццагдæр декреттæй иу уыди аргъуан паддзахадæй æмæ скъола аргъуанæй фæхицæн кæныны тыххæй. Тынг рапарахат адæмон ахуырад. 1959 азы нæ республикæйы куыста 232 скъолайы. Уым ахуыр кодта 70 мин сывæллоны. Ахуыргæнджытæй дзы куыстой 5 мин адæймаджы. 909 ахуыргæнæгæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы ордентæ æмæ майдантæ, 735 ахуыргæнæгæн та — адæмон ахуырады отличникы значоктæ. Адæмон ахуырад ноджы тынгдæр сырæздзæн авдазоны дæргъы. 1965 азы Цæтат Ирыстоны райдайæн, авдазон æмæ астæуыккаг скъолаты ахуыргæнинæгты нымæц схæццæ уыдзæн 81 мины онг. Æргом уæлдай фылдæр здæхтæрцæудзæн кусæг æмæ хъæууон фæсивæды ахуырмæ. Авдазоны дæргъы нæ республикæйы кусæг æмæ хъæууон фæсивæды скъолаты ахуыргæнинæгты нымæц 184
фæуыдзæн дзæвгар фылдæр. Арæзт нæм æрцæудзæн 25 скъола- интернаты. 1960 азы уыцы скъолаты ахуыргæнинæгты нымæц фæуыдзæн аст хатты фылдæр, ахуыр дзы кæндзæн фараст мин адæймаджы. Революцийы агъоммæ Ирыстоны иунæг уæлдæр окъола дæр нæ уыд. Ныртæккæ нæ республикæйы ис цыппар ахæм скъолайы, æртæ наукон-иртасæг институты. Уымæй дардцæр нæм ис иуæндæс техникумы. 1958-1959 ахуыры азы Цæгат Ирыстоны уæлдæр скъолаты уыди 9064 студенты. Уыдонæй фæсаууонмæ ахуыр кодта 3633 адæймаджы, ирæттæ та дзы уыди 2750 адæймаджы. Уæлдæр ахуыргондцзинад парахат кæныны хъуыдцаджы Цæгат Ирыстон йæ фæстæ фæуагъта Хурныгуылæн Европæйы æмæ Америчы бæстæты. 1959 азы нæ республикæйы алы дæс мин цæрæгæй дæр уæлдæр скъолаты ахуыр кодта 188 студенты, Америчы Иугонд Штатты та, 1955 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ - 79 студенты, ома, дыууæ æмæ æрдæг хатты къаддæр, Англисы - авд хатты къаддæр, Германы Федеративон республикæйы - аст хатты къаддæр, Францы - фондз хатты къаддæр æмæ Италийы æхсæз хатты къаддæр. Цæгат Ирыстоны уæлдæр æмæ астæуыккаг сæрмагонд скъолаты ирæттимæ иумæ ахуыр кæнынц уырыссæгтæ, украинæгтæ, гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ, цæцæйнæгтæ, мæхъхъæлæттæ, кæсгæттæ, балхъайрæгтæ, дагъестайнæгтæ æмæ æндæртæ. Уыдон цæрынц хæларæй, иу бинонтау. Уый бæлвырд æвдисæн у нæ цытджын социалистон Райгуырæн бæстæйы адæмты ленинон хæлардзинадæн. Нæ республикæйы культурæ куыд тынг рæзы, уымæн хорз æвдисæн сты мæнæ ахæм бæрæггæнæнтæ: 1960 азы фыццæгæм январмæ Цæгат Ирыстоны уæлдæр скъолаты уыди 537 профессоры-ахуыргæнæджы, уыдонæй ирæттæ - 159 адæймаджы. Советон хицаудзинады азты дæргъы Цæгат Ирыстоны тынг сырæзыдысты сфæлдыстадон организацитæ æмæ культурон- рухсадон кусæндæттæ. 185
1919 азы Цæгат Ирыстоны уыди æрмæст фондз библио- текæйы. Фарон та махмæ куыста 178 библиотекæйы, уым уыди иу милуан æмæ 600 мин чиныджы. Уыдонæй фæстæмæ бирæ библиотекæтæ æмæ чингуытæ ис астæуыккаг æмæ уæлдæр скъ- олаты, кусæндæтты æмæ куыстуæтты. Чиныг стыр бынат æрцахста советон адæмы царды. 1940 азы республикæйы фæллойгæнджытæ библиотекæтæй чингуытæ райстой 216 мин хатты, 1958 азы та - 2 милуаны æмæ 485 мин хаттæй фылдæр. Республикæйы библиотекæтæ зæрдиагæй кусынц чингуыты равдыстытæ, литературон изæртæ, чиныгкæсджыты конференцитæ аразыныл. Æрмæст 1958 азы Цæгат Ирыстоны библиотекæты арæзт æрцьщ 2955 равдысты, 796 литературон изæры, чиныгкæсджыты конференцийы æмæ афтæ дардцæр. Республикæйы фæллойгæнджыты æхсæн дзыллон-полити- кон æмæ хъомыладон куыст парахат кæнынæн тынг ахъаз сты клубтæ. 1950 азы нæ республикæйы куыста 168 клубы, уым фæллойгæнджытæн æвдыст цыд концерттæ, арæзт сын цыд лек- цитæ æмæ докладтæ алы темæтыл. Республикæйы кулыурæйы министрады клубты æмæ кулыурæйы хæдзæртты 1958 азы ахуыргæнинæгтæн арæзт æрцыд 2900 лекци æмæ докладæй фылдæр, æвдыст сын æрцыд 1162 спектаклы æмæ 297 тематикон изæры. Революцийы агъоммæ Ирыстоны горæтты æмæ хъæуты æппындæр нæ уыд радио. 1939-1940 азы нæм æвæрд æрцыд 95 радиоточкæйы, 1959 азы фыццæгæм январмæ та сæ нымæц баци 80 минæй бирæ фылдæр. Ныртæккæ мадзæлттæ арæзт цæуы республикæ æххæстæй дæр радиофикаци скæныны тыххæй. 1917 азы размæ Дзæуджыхъæуы уыди æртæ чысыл кинотеатры, фæлæ фæллойгæнджытæн фадат нæ уыди уырдæм цæуынæн. Советон хицаудзинады азты дæргъы, уæлдайдæр та фæстаг азты, Цæгат Ирыстоны тынг рапарахат сты кинофикацийы куыстытæ. 1940 азы республикæйы уыд æдæппæт 30 киноустановкæйы, 1959 азы та баисты 112. Октябры революцийы агъоммæ Цæгат Ирыстоны нæ уыди полиграфион промышленность. Советон хицаудзинады азты 186
республикæйы тынг рапарахат полиграфион промышленность, чингуыты рауагъдад æмæ чингуыты базарад. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны ис чингуыты æмæ газетты типографитæ, районты æртæ типографийы. Уыдон иууылдæр хорз ифтонггонд сты нырыккон техникæйæ. Нæ республикæйы газетты æрвылбоны тираж хæццæ кæны 80 мин экземплярмæ. Газеттæй фæстæмæ, республикæйы уагъд цæуынц журнал «Мах дуг», альманах «Советон Ирыстон», «Агитаторы блокнот» уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл, Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон, медицинон, хъæууонхæдзарадон æмæ наукон- иртасæг институтты наукон фæллæйттæ. Советон хидаудзинады размæ Цæгат Ирыстоны уагъд æрцьщ æрмæст æртæ чиныджы хæрз чысыл тиражæй. 1940 азы махмæ рацыд 83 алыхуызон чиныджы, сæ тираж уыди 283 мин экземпляры, 1957 - 1958 азты та - 331 чиныджы иу милуан æмæ 262 мин зкземплярæй. Ирон æвзагмæ тæлмацгондæй уагъд æрцыдысты марксизмы- ленинизмы классикты бирæ уацмыстæ, партийы æмæ хицауады уынаффæтæ, Коммунистон партийы æмæ Советон паддзахады разамонджыты докладтæ æмæ раныхæстæ. Ноджы ирон æвзагыл уагъд æрцыдысты уырыссаг æмæ дунеон литературæйы классикты æмæ советон фысджыты бирæ уацмыстæ. Уыцы хъуыддаг тынг ахъаз кæны ирон адæмы кулыурæ, литературæ æмæ аивад хъæздыг кæнынæн. Цæгат Ирыстоны фæллойгæнджытæ кулыурон æгъдауæй куыд рæзынц, уымæн хорз æвдиаæн у, бирæ чингуытæ кæй æлхæнынц, уый. 1924 азы Цæгат Ирыстоны уыди иунæг чингуыты магазин æмæ афæдзмæ чингуытæ ауæй кодта 75 сомы аргъ. 1958 азы республикæйы уыди 38 ахæм магазины æмæ ауæй кодтой æртæ милуан чиныджы бæрц, фондз милуан æмæ 800 мин сомы аргь. Чиныджы фæрцы фылдæр кæнынц адæймаджы зонындзинæдтæ. Чиныг у фæллойгæнджыты коммунистон зондахастыл хъомыл кæныны ахсджиаг фæрæз. Советон хицаудзинады азты стыр уырыссаг адæмы æмæ нæ бæстæйы иннæ адæмты æххуысæй тынг сырæзыд Цæгат Ирыстоны аивад. Республикæйы кусы æртæ театры, зæрджыты 187
æмæ кафджыты падцзахадон ансамбль, симфонион оркестр, музыкалон æмæ музыкалон-педагогон училищетæ, сывæллæтты æртæ музыкалон æмæ сывæллæтты аивадон иу скъолайы, нывгæнджыты æмæ композиторты цæдистæ, фондз музейы, хихъæппæрисадон аивады бирæ коллективтæ. Орджоникидзейы горæты æмæ хъæууон районты æппæт центрты ис культурæйы адæмон университеттæ, Мæздæджы æнтыстджынæй кусы адæмон театр. Радиохъусынады æмæ телевиденийы комитеты ис адæмон инструментты оркестр. Республикæйы уырыссаг драмон театр кусы 1869 азæй фæстæмæ, уый у Цæгат Кавказы зæронддæр театртæй иу. Йæ курдиатджын коллектив йе ’ххуыссы аккаг хай хæссы фæллойгæнджыты коммунистон хъомыладмæ. Театры ис курдиатджын актертæ - Цæгат Ирыстоны АССР-йы адæмон артист æмæ УСФСР-йы сгуыхт артист Л. А. Кондырев, Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ П. И. Лукина, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисттæ Т. П. Петрова, Е. П. Арычева æмæ æндæртæ. Бæлвырд фæхуыздæр театры куыст ацы фæстаг азты. Уый йæ спектаклтæ æнтыстджынæй æвдисы æндæр горæтты дæр. Уыди Кисловодскы, Пятигорскы, Ессентукийы, Железно- водскы, Астраханы, Тбилисийы, Сталиниры, Кировобады, Нал- цыччы. 1935 азы арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театр. 25 азы дæргъы театры коллектив ацыд сфæлдыстадон стыр фæндагыл. Ирон театр зындгонд у йæ курдиатджын актертæй, зæгъæм, УСФСР-йы æмæ Цæгат Ирыстоны АССР-йы адæмон артист Тæбæхсæуты Валодя, Цæгат Ирыстоны АССР- ый адæмон артисткæтæ æмæ УСФСР-йы сгуыхт артисткæтæ Икъаты Серафин æмæ Хъæрджынты Варварæ, Цæгат Ирыстоны адæмон артист æмæ УСФСР-йы сгуыхт артист Цырыхаты Петя, Цæгат Ирыстоны адæмон артисттæ Балаты Валодя, Сланты Къоета, Цæгат Ирыстоны АССР-йы аивадты сгуыхт архайджытæ Тотраты Бесæ, режиссер Брытъиаты Зариффæ æмæ æндæртæ. 1 1958 азы театры коллективыл бафтыд 18 æрыгон актеры, Мæскуыйы Вахтанговы номыл училище каст чи фæци, уыдон, стæй солисттæ-вокалисттæ. Ныртæккæ сси музыкалон-драмон 188
театр. Ныр ын фадат фæци ноджы фылдæр сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ æвдисынæн. Фæстаг рæстæг йæ къухы бафтыд харз хъуыдцат: бацæттæ кодта æмæ равдыста фыццаг ирон опереттæ «Уалдзыгон зарæг». Цæгат Ирыстоны ис зарджыты æмæ кафджыты паддзахадон ансамбль. Ансамблы репертуарæн йæ фылдæр хай арæзт у ирон композиторты, стæй классикты уацмыстæй, ирон адæмон зарджытæй æмæ кæфтытæй. Егъау бынат дзы ахсынц ССР Цæдисы адæмты зарджытæ æмæ кæфтытæ дæр. Ансамбль алы аз дæр гастрольты ацæуы Советон Цæдисы республикæтæ æмæ облæсттæм. Уый уыди Гуырдзыстоны, Азербайджаны, Сомихы, Белоруссийы, Прибалтикæйы республикæты, Дард Хурыскæсæны æмæ бæстæйы æндæр крайты æмæ облæстты. 1957 азы та уыди Германы Демократон Республикæйы. Æмæ кæмдæриддæр адæм бузныгæй баззадысты ансамблы артистты арæхстдзинадæй. Ансамблы зарджыты æмæ кафджыты къорд 1957 азы йæ арæхстдзинад æвдыста фæсивæды æмæ студентты Æппæтдæдисон æмæ Æпетæтдунеон фестивальты Мæскуыйы. Кафджыты къорд уыцы фестивальты райста дыууæ æвзист майданы æмæ дыккæгæм къæпхæны дыууæ дипломы æмæ сси фæсивæды æму студентты Æппæтцæдисон æмæ Æппæтдунеон фестивальты лауреат. Нæ республикæйы паддзахадон симфонион оркестры репертуары зынгæ бынат ахсынц Цæгат Ирыстоны æмæ æфсымæрон республикæты композиторты уацмыстæ. Оркестр арæх концерттæ фæдæтты завод «Электроцинчы». Вагæттæ ремонтгæнæн заводы кусджытæн, хæххон-металлургион, педагогон, медицинон институтты æмæ æндæр коллективтæн. Уый гастрольты уыди Мæскуыйы, Тулæйы, Брянскы æмæ бæстæйы æндæр горæтты, йæ концерттæ тынг фæцыдысты адæмы зæрдæмæ. Цæгат Ирыстоны ис фысджыты, нывгæнджыты æмæ композиторты сфæлдыстадон цæдистæ. Ирон национ литературæ дарддæр рæзын кæныныл зæрдиагæй кусынц нæ фысджытæ, уыдон сæ куыст аразынц марксизмы-ленинизмы 189
идейæты бындурыл. Иран литературæ æмæ ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста йæ уацмысты фыста, зæгъгæ, уырыссæгты тæваг тынг фæзынд туземæгты цардыл, хицæнæй райсгæйæ та, ирон адæмы цардыл. Ацы ран Къоста, кæй зæгъын æй хъæуы, дзуры уырыссаг адæмы раззагдæр минæвæрттæ Пушкины, Герцены, Чернышевскийы, Белинскийы, Добролюбовы, Толстойы, Некрасовы, Ломоносовы æмæ æндæр ахæм номдзыд адæмты тыххæй. Уырыссаг раззагдæр кулыурæ æмæ уырыссаг прогрессивон адæмты сфæлдыстад хъæздыгдæр æмæ тыхджындæр кодта ирон адæмы культурæйы. Ирон культурæ æмæ литературæйæн хицæнгæнæн нæй уырыссаг æмæ нæ бæстæйы æфсымæрон æндæр адæмты культурæйæ. Хетæгкаты Къоста йæ уацмысты равдыста хæххон мæгуыр адæмы ивгъуыд заманы зынвадат цард. Адæм сæрибардзинадмæ, рухсмæ куыд бæллыдысты, се знæгтæм цы æнæуынон цæстæнгас дардтой, уыдон равдыста йæ уацмысты. Революцийы агъоммæ чи цард, уыцы фысджытæй Къостайы идейæтæ литературæйы дарддæр æххæст кодтой ирон зындгонд фысджытæ Гæдиаты Секъа, Гуырджыбегты Бласка, Коцойты Арсен, Гæдиаты Цомахъ, Багъыраты Созыр, Къубалты Алыксандр, Нигер (Дзанайты Иван), Малиты Георги, Гулуты Андрей æмæ æндæртæ. Уыдон сæ уацмысты æвдыстой сæ адæмы хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ. Се сфæлдыстад зынгæ фæхъæздыгдæр кодта ирон литературæйы. Гæдиаты Цомахъы, Коцойты Арсены, Багъыраты Созыры, Нигеры, Гулуты Андрейы æмæ æндæр фысджыты сфæлдыстад уæлдай тынгдæр рапарахат советон хицаудзинады азты. Стыр Октябры социалистон революци нæ бæстæйы раздæры æфхæрд адæмтæн уæрæх фæндаг акъæртт кодта рухс цардмæ, фадат радта, йæ хуыз национ, йæ мидис та социалистон кæмæн у, ажæм ног культурæ рæзын кæнынæн. Уый фæрцы тынг сырæзыд ирон советон литературæ. Марксизмы-ленинизмы цытджын идейæтыл, аивадон литературæйы хуыздæр уацмыстыл ахуыр æмæ хъомыл кодтой, соцналнстон реконструкцийы азты литературæмæ чи æрбацыд, уыцы фæсивæд. Хъамбердиаты Мысост, Мамсыраты 190
Дæбе, Епхиты Тæтæри, Плиты Харитон, Хъайтыхъты Георги, Ардасенты Хадзыбатыр, Плиты Гриш, уый фæстæ Дзадтиаты Тотырбег, Цæгæраты Максим, Дарчиты Дауыт æмæ æндæртæ. Фысджытæ сæ уацмысты æвдыстой, Советон хицаудзинады азты Ирыстоны цы стыр ивддзинæдтæ æрцыд, адæм ног цард аразыныл куыд архайдтой, уыдæттæ. Уыдон ирон литературæмæ бахастой ног обрæзтæ, темæтæ æмæ хъуыдытæ. Уыцы рæстæджы ирон аивадон литературæйы фæзындысты Гæдиаты Цомахъы повесть «Фыдæлты намыс», Боциты Бароны роман «Саст рæхыс», Коцойты Арсены повесть «Джанаспи», Мамсыраты Дæбейы роман «Уæззау операци» æмæ æндæртæ. Дарддæр рæзыдысты драматурги æмæ поэзи дæр. 1920-1930 азты фысджыты уацмысты сæйрагдæр герой уыд. Коммунистон партийы хъомылгонд советон адæймаг. Ахæмтæ сты, зæгъæм, Гæдиаты Цомахъы геройтæ Хæмæт æмæ Мысост, Боциты Бароны Цæлыкк, Мамсыраты Дæбейы Зауырбег æмæ Муссæ, Плиты Харитоны Сæлимæт, Епхиты Тæтæрийы Фаризæт æмæ æндæртæ. Хæсты хæдагъоммæ æмæ Фыдыбæстæйы хæсты азты ирон литературæйы фæзынд ног нæмттæ. Уыдон уыдысты Хозиты Яков, Уруймæгты Езетхан, Туаты Давид, Токаты Ашæх, Цæрукъаты Алыксандр, Балаты Тембол æмæ æндæртæ. Ирыстоны фысджытæй бирæтæ хæсты тæккæ райдианы ацыдысты фронтмæ æмæ æд хæцæнгæрзтæ тох кодтой немыцаг- фашистон лæбурджыты ныхмæ. Уыдон уыдысты Плиты Гриш, Хъайтыхъты Геор, Дзадтиаты Тотырбег, Хъазбегты Хъазбег, Цæгæраты Максим, Дарчиты Дауыт. Знаджы ныхмæ тох кæнгæйæ, уыдон кодтой сæ фыссыны куыст дæр. Знаджы ныхмæ хæцгæйæ, Райгуырæн бæстæйы сæраппонд сæ цард радтой æрыгон поэттæ Кочысаты Мухарбег, Елехъоты М., Таболты X., Калоты X., Наниты В., æфсымæртæ Баситы Дзаххот æмæ Дзамболат, Хъаныхъуаты М., Хуадонты Иссæ æмæ æндæртæ. Ирон фысджыты уацмыстæ хæсты азты республикæйы фæллойгæнджыты разæнгард кодтой фæллойадон æмæ хæстон сгуыхтдзинæдтæм, хъомыл сæ кодтой Коммунистон партимæ, 191
Райгуырæн бæстæмæ стыр уарзондзинад дарыныл, нæ бæстæйы знагмæ та сæм æвзæрын кодтой стыр æнæуынондзинад. Фыдыбæстæйы хæст куы фæци æмæ нæ бæстæйы адæм хæсты хъæдгæмттæ дзæбæх кæнын куы райдыдтой, уæд Цæгат Ирыстоны фысджытæ дæр, нæ бæстæйы иннæ адæмты фысджыты хуызæн, тынг зæрдиагæй бавнæлдтой се сфæлдыстадон куыстмæ, сæ уацмысты æвдыстой советон адæмы хъæбатыр фæллой, разæнтард сæ кодтой æмæ кæнынц куыстадон уæлахиздзинæдтæм. Партийы XX æмæ XXI съездты æмæ партийы Центрон Комитеты Пленумты историон уынаффæтæ нæ бæстæйы фысджыты сразæнгард кодтой сфæлдыстадон куыстмæ. Партийы зæрдиаг аудындзинадæн дзуапп дагтгæйæ, ирон фысджытæ ныффыстой сæ хуыздæр уацмыстæ. Мамсыраты Дæбе ныффыста роман «Хъæбатырты кадæг», Плиты Гриш - трагеди «Чермен», Токаты Ашæх - комеди «Усгуртæ», Туаты Дауыт «Аргъау» æмæ «Сидзæргæс». Къорд пьесæйы ныффыстой Хъуысаты Хъасболат æмæ Хуыбецты Райæ дæр. Иран драматургты хицæн пьесæтæ тæлмацгонд æрцыдысты уырыссаг æвзагмæ æмæ сæ æвдисынц Мæскуыйы æмæ æндæр горæтты театрты. ССР Цæдисы Наукæты академи æмæ Цæгат Ирыстоны нау- кон-эдртасæг институт мыхуырмæ бацæттæ кодтой Хетæгкаты Къостайы уацмысты цыппар томы. Ноджы мыхуырæй рацы- дысты: ирон литературæйы анталоги; ирон радзырдты æмбы- рдгонд, Брытьиаты Созырыхъойы «Аргъæуттæ», Уруймæгты Езетханы роман «Цардмæ», Мамсыраты Дæбейы «Радзырдтæ», Цæгæраты Максим æмæ Дзадтиаты Татырбеджы павесттæ, Ни- геры æмдзæвгæтæ æмæ æндæр уацмыстæ. Коммунистон партийы æмæ Советон хицаудзинады фæрцы ирон адæмы Нарты эпос стыр бынат бацахста нæ Райгуырæн бæстæйы литературæйы. ЦæгатИрыстоны фысджытæ зæрдиагæй бакуыстой нырыккон уырыссаг классикон литературæйы, нæ бæстæйы иннæ адæмты, адæмон демократийы æмæ дунеон литературæйы хуыздæр уацмыстæ ирон æвзагмæ ратæлмац кæныныл. Ирон чиныгкæсджытæн фадат ис сæхи æвзагыл 192
Пушкины, Лермонтовы, Некрасовы, Гоголы, Чеховы, Горькийы, Толстойы, Тургеневы, Салтыков-Щедрины, Короленкойы, Маяковскийы, Фурмановы, Фадеевы, Шолоховы, Твардовскийы æмæ æндæрты уацмыстæ кæсынæн. Ноджы ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты дунеон литературæйы классиктæ Шакспиры Гольдонийы, Мольеры, В. Гюгойы, Дэфойы, Ю. Фучикы æмæ бирæ æндæрты уацмыстæ. Советон литерату рæ дарддæр рæзын кæнынæн тынг асхджиаг сты партийы XXI съезды историон уынаффæтæ, СЦКП-йы Центрон Комитеты арфæ ССР Цæдисы фысджыты æртыккаг съездæн æмæ æмбал Н. С. Хрущевы раныхас уыцы съезды 1959 аз, майы мæйы. Уыцы партион документты бæлвырд мадзæлттæ амынд ис советон реалистон литературæ æмæ аивад ноджы тынгдæр рæзын кæнынæн. Коммумистон партийы уынаффæтæ æмæ амынддзинæдтæ æххæст кæнгæйæ, ирон литературæйы æмæ аивад декадæмæ цæттæ кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны фысджытæ, нывгæнджытæ, композитортæ, театрты кусджытæ зæрдиагæй бакуыстой, советон адæмы хъæбатыр фæллой æвдыст кæм цæуы, ахæм уацмыстæ ныффыссыныл. Мæскуыйы уагъд æрцыд ирон фысджыты дыууиссæдз чиныгæй фылдæр. Уымæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны чингу ыты рауагъдады рацыд нæ фысджыты бирæ уацмыстæ, стæй афтæ æфсымæрон республикæты фысджыты уацмыстæ дæр. Æнтыстджынæй кусы республикæйы нывгæнджыты цæдис дæр. Ныртæккæ махмæ ис бирæ курдиатджын нывгæнджытæ - Дзанайты Азамбег, Дзанæгаты Чермен, Санахъоты Сергей, Глушков, Калманты Батыр, Балаты Н., Макаревич Л. æмæ æндæртæ. 1955 азы Уæрæсейы Федерацийы нывгæнджыты равдысты нæ республикæйæ уыди цалдæр нывгæнæджы куыстытæ æмæ сын скодтой хорз аргъ. 1956 азы Тбилисийы уыди Цæгаг Ирыстоны нывгæнджыты уацмысты равдыст. Гуырдзыстоны æхсæнады зæрдæмæ фæцы- дысты нæ нывгæнджыты куыстытæ. Цæгат Ирыстоны нывгæн- джытæ хорз бацæттæ кодтой 1957 азы юбилейон равдыстмæ. 193 13
Уыцы равдыстмæ æрвыст 280 уацмысæй 180 уыдысты ног куы- стытæ. Стыр Октябры революцийы 40 азы фæдыл Мæскуыйы цы равдыст уыди, уырдæм нæ республикæйæ æрвыст æрцыди 50 нывы. Уыдысты дзы Санахъоты Сергейы, Зароны, Дзанæгаты Чермены, Калманты Батыры, Кочетовы, Глушковы, Макаревичы æмæ æндæрты конд нывтæ æмæ скульптурæтæ. Нæ нывгæнджытæ сæхи зæрдиагæй бацæттæ кадтой ирон литературæ æмæ аивады декадæмæ. Цæгат Ирыстоны композиторты цæдис арæзт æрцыд 1938 азы. Уæдæй фæстæмæ композитортæ ныффыстой бирæ хорз музыкалон уацмыстæ, зæгъæм, Н. А. Карницкая ныффыста симфонион поэмæ «Джызæлдон», поэмæ Хетæгкаты Къостайы тыххæй, «Колхозон нывтæ». Плиты Христофор ныффыста музыкалон комеди «Уалдзыгон зарæг», Гæбæраты Илья - оперæ «Азау», Хаханы фырт, Колесников, Кулиев, Поляниченко, Кокойты Тæтæрхъан, Гуырдзыбегты Г, Кокойты Аслан æмæ иннæтæ дæр ныффыстой хорз музыкалон уацмыстæ. Партийы XXI съезды уынаффæты æмæ фысджыты æртыккаг съезды Н. С. Хрущевы раныхасы сæрмагондæй амынд ис, зæгъгæ, ССР Цæдисы коммунизмы арæзтад куы рапарахат, уыцы дуджы фыссæджы ныхас, нывгæнæджы уацмыс, композиторы музыкæ хъуамæ æххуыс кæной советон адæмы, уæлдайдæр та фæсивæды хъомыл кæнынæн. 1959 азы майы УСФСР-йы композиторты оргкомитет Кæсæг-Балхъары, Цæгат Ирыстоны, Цæцæн-Мæхъхъæлы æмæ Дагъестæны композиторты сфæлдыстадмæ æркæсыны тыххæй сарæзта сæрмагонд пленум. Уыцы хъуыддагтынг фæахъаз Цæгат Кавказы республикæты композиторты дарддæры куыстæн. Ацы аз, августы фæстаг бонты æмæ сентябры мæйы фыццаг бонты, уыдзæнис ирон аивад æмæ литературæйы декадæ нæ Райгуырæн бæстæйы столицæ Мæскуыйы. Уый уыдзæн не сфæлдыстадон кусджыты цæттæдзинады экзамен. Нæ зæрдæ сын зæгъы æнтыстдзинæдтæ. 194
Бæдоаты Хъазыбег КУЫРТТАТЫ КОМЫ - Ныббарут мын, уæ хорзæхæй, фæлæ мæн иу-къорд ныхасы зæгъын фæнды зæронд царды тыххæй, - дзуры, чи фæгуыбыр, ахæм зæронд лæг, йæ лæдзæгыл æнцайгæйæ. - Абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы, ахуырмæ куыд бæллыдтæн, уый. Фæлæ фадат кæм уыди? Æмæ фынддæс азы æххуырсты фæцыдтæн. - Дæлдзæх фæуæд зæронд цард, уый кой та ма цы кæнут?... - Йæ бынатæй фестади ацæргæ ус æмæ дзурын райдыдта. - Автомобиль цы у, уый дæр нæ ничи зыдта. Уæд нæ комы галуæрдоны фæндаг дæр нывыл нæ уыди, æмæ нæ хоры муртæ быдырæй уаргъæй хастам. Ныр, уынут, нæхи колхозы автомобильтæ Куырттаты комы дзæбæх куы згъорынц! Дæлæ ма акæеут, - ацамыдта рудзынгæй æддæмæ. (Уыцы сахат кооперативы цур æвдæлон кодтой товартæ). - Махмæ ныр хохы ис рынчындон, скъола æмæ нæ сывæллæттæ иууылдæр ахуыр кæнынц, алкæмæн йæ хæдзармæ хæссынц газет, журнал, ис нæм электрон рухс. - Уæдæ мæнмæ та афтæ кæсы, хорз адæм, æмæ цæуыл дзурын хъæуы, уый уæ иу дæр нæма загъта. Куырттаты комы алы къæдзæхы бын дæр ис хæзнаты къæбиц. Æз инженер нæ дæн, æгæр-мæгуыр иу дамгъæ ныффыссын дæр нæ зонын, фæлæ мæ къахæй айнæгыл кæмдæриддæр æрлæууын, уым мæм мæ зæрдæ афтæ дзуры, цыма хæххон адæмы амонд уыцы хохы бын арф кæмдæр æмбæхст ис. Нæ комы уыдзæн дыккаг Садон, - алыг кодта йæ ныхæ 80 аздзыд зæронд лæг Мырзаганты Уане. Ацы ныхæстæ фехъуыстон Куырттаты комы Лæцы хъæууон клубы цалдæр азы размæ. Нæ хæхтæ хæзнайæ хъæздыг кæй сты, уый адæм рагæй зонынц. Зæронд адæмæй ма ныр дæр бирæтæ хъуыды кæнынц, агты мидæг-иу цавæрдæр дуртæй зды куыд тайын кодтой, нæмгуытæ дзы куыд уагьтой æмæ сæ дзæбидырдзуан куыд цыдысты, уый. 195
Стæй канд бынæттон цæрджытæ нæ зыдтой Кавказы хæхты «æмбæхст» хæзнатæ. Джимарайы цæрæг, 85 аздзыд зæронд лæг Джимиты Бибо, раджыйы хъуыдцæгтæ мысгæйæ, мæнæн радзырдта: - Раджы уыди уый, паддзахы заманы. Нæ коммæ æрбацыди цавæрдæр фæсарæйнаг, нæ зонын - англисаг уыди æви бельгийаг, æцæг уырыссагау хорз зыдта. Фатеры æрцарди мæнмæ. Бон- изæрмæ-иу кæмтты лекка кодта, цыма Кавказы хæхты уындæй не ’фсæды, уый хуызæн. Иемæ-иу æрхаста цавæрдæр дуры къæрттытæ æмæ сæ чысыл асыччыты æфснайдта. Иу бон æй æз бафарстон, адон дын, зæгъын, цы сты, цæмæн сæ æмбырд кæныс? Уый дын хинæйдзаг худт бакодта æмæ мын афтæ зæгъы: «Цы сты, уый дын куы зæгъон, уæддæр æй нæ бамбардзынæ. Ды нæ, фæлæ йæ ам æппындæр ничи бамбардзæн, ацы дуртæ цæмæн хъæуынц, уый...» Уыцы хабар адæмæн куы радзырдтон, уæд нæм æгад кæсын байдыдтой, уыцы æрцæуæккаджы ныхæстæ: «Ау, хорз нын цы у кæнæ æвзæр, уый æмбарынхъом не стæм?» Æмæ сагъæсы бацыдыстæм. Иутæ дзырдтой: «Хæхты къахынмæ куы бавналой, уæд ным нæ хуымтæ æмæ нæ уыгæрдæнтæ дæр сæ къæхты бын бассæндцзысты, нæ хæзнатæ нын аласдзысты. Афтæ хъуыдыгæнджытæ дæр уыди: «Ацы фæсарæйнæгтæ æхцайы фыдæй марды хурх дæр бахсындзысты. Фæлтау махæй цас дарддæр уой, уыйас хуыздæр». Се ’ппæт дæр сразы сты иу фæндыл: уадз æмæ нæ уазæгхорыл дæр банымайæд, уæдцæр ацы фæсарæйнаг хæддзу уазæг йæ хæдзармæ акуиты уæд! Уыцы фæнд ын куы бакой кодтам, уæд нын лæгъстæ байдыдта, сыгъæрин гæнæхтæй нын зæрдæтæ æвæрдта, фæлæ йæм хъусæг нал фæци. * * * - Уарынвæнд та кæны, - сдзырдта ме ’мбæлттæй иу, машинæйы куы бадтыстæм, уæд, æмæ хæрдмæ скасти. - Уадз æмæ уара: уый æдде, мах мидæгæй, - загъта шофыр æмæ йæ мотор скусын кодта. Нæ сæрмæ æврæгътæ тезгъо кодтой æмæ арв уыди скъуыдтæ 196
хъæццулæй æмбæрзты хуызæн: хуры цæст куы разыны, куы фæаууон вæййы. ...Цыдыстæм Куырттаты комы Фиййагдоны галиу былтыл къæдз-мæдз фæндагыл. Цалдæр раны нæ шофыр йæ машинæ баурæдта æмæ-иу афæстиат стæм, цалынмæ нын бульдозер фæмдаг сыгъдæг кодта, уæдмæ. Цыма тоннелæй раирвæзтыстæм, уынау ком æвиппайды фæуæрæх. Рухс æмæ райдзаст у ацы ран Куырттаты ком. Барзыхъæуы нарæг уынгты суадыстæм æмæ нæ машинæ æрлæууыд уæлвæзы. Уый у æмбисонды «Æхсабийы фæз». Нæ хæхты, уæлдайдæр нарæг кæмтгы, ахæм уæрæх фæзтæ арæх нæй - сæдæ гектарæй фылдæр у. Куырттатаг ацæргæ адæмы цур «Æхсабийы» кой куы рауайы, уæд дзы йæ цæсгомыл цины рухс кæмæн нæ акъазы, ахæм нæй. - Æхсабийы зæххыл цы нæ ’рзайдзæн - хорæй уæд, дыргъæй æмæ халсарæй, ахæм нæй! - фæзæгъынц уыдон. Адæм бæдырмæ куы ралыгъдысты, уæд «Æхсабийы» зæхх зæрæстонæй баззад. Æмæ ныр, цыма уыцы стыр тъæпæныл стыр хъулон гауыз байтыдæуыд, уыйау нæ фæйнæфарс цъæх кæрдæджы астæуæй хурмæ æрттивынц алыхуызан дидинджытæ. Нæ алфамбылай нæудзарм æмæ къудзитæй æмбæрзт хæхтæ арвмæ фæцыдысты. Раст цыма æрдз барæй скодта комы нарæджы ацы фæз, искуы дзы фабрикæ аразын хъæудзæн, зæгъгæ, уый хуызæн. — Ацы ран уыдзæн ног фабрикæ, — загъта Челдыты Хаджумары фырт Алыксандр, «Севкавцветметразведкæ»-йы тресты сæргълæууæг, машинæйæ куы рахызтыстæм, уæд. Æцæгдæр, иу акастæй бæрæг уыди, ам стыр арæзтадмæ кæй бавнæлдтой, уый. Уæртæ фæзы фаллаг кæрон нæудзарм хахы рæбын фæйнæджытæй сарагонд, йæ цуры аразæн æрмæджы рæгътæ, кусæнгарз... Ам уыдзæн фабрикæйы бæстыхай. Чысыл фалдæр тигъы аууонæй, Бæрзыхъæуы мидæгæй, зыны ног уынг, йæ фæйнæфарс арæнхъ сты æмхуызон хæдкъул хæдзæрттæ, сæ сæртæ сырх дурæй æмбæрзт. Уым уал æрцарды- сты, фабрикæ чи араздзæн, уыцы кусджыты фыццаг къорд. 197
Хæхты фæрстыл хæрдмæ фæцыдысты æмæ цъæх арвы рæбын баиу сты урс цъититимæ тар хъæдтæ æмæ фæйлаугæ уыгæрдæнтæ; бынæй, комы нарæджы - уæладзыг хæдзæртты æрдæг амад къултæ, сæ цуры мæсыг-кран, йæ къабаз бæрзонд истæй; алы ран аразæн æрмæджы рæдзæгъдтæ; бæрзонд электрон телыхъæдты рæнхъ куы фæзыны рагъыл, куы фæаууон вæййы дæлбыл... Уыдон се ’ппæт æвдисæн сты авдазоны улæфтæн. Пъланмæ гæсгæ ам арæзт æрцæудзæн, фабрикæйæ фæстæмæ, фондзыссæдзы бæрц цæрæн хæдзæрттæ, сæ фылдæр дыууæ æмæ æртæ уæладзыгæттæ, хæрæндон, клуб, донвæд æмæ канализаци, интернат-скъола, æгас комы сывæллæттæ дæр кæм ахуыр кæндзысты, ахæм. Джызæлдонæй цалдæр æфцæджы сæрты телтыл цы электрон ток æрбацæудзæни ардæм, уый ныррухс кæндзæн æгас комы хæххон адæмы хæдзæрттæ, скусын кæндзæн фабрикæйы æмæ шахтæты механизмтæ. Уыцы куыстытæн советон хицауад снысан кодта бирæ милуантæ. Фæлæ аразджытæ ссардтой бирæ фæрæзтæ, уыцы милуантæ се’ппæт куыннæ бахардз кæной, уый тыххæй. Фарон дæр ма «Хъæрмæдон»-ы курорт аразгæйæ Орджоникидзейæ Тменыхъæуы бынмæ ластой змис, чъыр, агуыридур. Ныр Фиййагдопы был фабрикæ æмæ хæдзæрттæ аразынæн цыдæриддæр æрмæг хъæуы, уый ссардтой Куырттаты комæн йæхи мидæг. * * * «Дыккаг Садон» кæй хонынц Куырттаты комы, уый у Цæгат Ирыстоны авдазон пъланы æппæты стырдæр арæзтадтæй иу. Фиййагдоны фабрикæмæ дард нæу. Хохы сæрты æфсæн бæндæнтæй цы ауыгъд фæндаг саразинаг сты æрзæт ласынæн, уымæн йæ дæргъ уыдзæн цыппар километры бæрц. Фæлæ йæм адæймаг куы цæуа, уæд та йæ дардыл зилын хъæуы Хъахъхъæдуры æфцæгыл Дæргъæфсы коммæ, уырдыгæй та Хæныггоммæ - æдæппæт 20 километры фæндаг. Дыууæ сæдæ адæймаджы фæллой кæнынц абон Хæныггомы. Уыдонæй алкæмæн дæр ис хицæн хъысмæт, алыхуызон фæндагыл æрцыдысты Джимарамæ - Фиййагдоны геологты 198
партимæ. Уыцы фæллойгæнæг бинонты æхсæн кад æмæ радæй кусынц Куырттаты коймæгтæ - хохгæрдæг мастертæй Дзуццаты Цæра æмæ Дудиаты Майрæм, монтажгæнджыты бригадирæй - Токаты Гермæн. Фиййагдоны геологон партийы сæргълæууæг Хуыриаты Беслæны фырт Инал йæхæдæг дæр у Куырттаты коймаг. Уый каст фæци Орджоникидзейы хæххон-металлургион техникум æмæ 19 азы фæкуыста Садоны шахтæты. Ныр йæ фыдæлты комы хæзнатæ агурын куы бахъуыди, уæд æй арвыстой уыцы, ахсджиаг куысты сæргълæууæгæй æмæ йæ кадимæ æххæст кæны. Фæлæ мæнæ Виктор Кузьмич Ковалев та райгуырди Кавказы хæхтæм дард - Уæрæсейы. Афтæмæй ныр уый дæр Куырттаты комы у номдзыд лæг. Æфсадæй куы рацыди, уæд ныллæууыд шахтæтæ аразыны куысты. Чи нæ зоны аразджыты хъысмæт - абон ам, райсом та æндæр кæмдæр. Ковалев фыццаг куыста Садоны. Уый фæстæ йæ арвыстой Уралмæ, цалдæр азы фæстæ та фæстæмæ - Садонмæ. 15 азы фæкуыста уый дæр шахтæтæ аразæгæй. Уалынмæ бахъуыди Фиййагдоны дæсны прораб, хохкъахыны куыстыты чи фæрæвдз кæндзæн, ахæм. Равзæрстой Ковалевы æмæ нæ фæрæдыдысты. Ковалев Фиййагдонмæ куы бацыди, уæд фыццаджыдæр агурын байдыдта, куыст цæмæй къуылымпы кæны, уыдæттæ. Уайтагъд бафиппайдта, штольнæ къахгæйæ зæхх арæх кæй ныккæлы. Уымæй куыст бирæ къуылымпы кодта. Фæлтæрд хохкуыстгæнæджы бирæ хъуыды кæнын нæ бахъуыди. Ныккæлынæй тас кæм уыди, уым-иу штольнæйы сæрмæ раздæр бахуынчъытæ кодта æмæ дзы æфсæйнаг хæтæлтæ бавæрдта. Куыст фæрæвдз. Иу бонæй иннæмæ куыстытæ рæвдздæр кодтой. Участок афæдзы пълан сæххæст кодта 112 процентæй. Хæныггомы æз базонгæ дæн быраузилджыты хистæр мастер, партбюройы секретарь Бутаты Журапимæ. Рæстæмбисæй ныллæгдæр, фæлæ бæзæрхыг лæппулæг, æдзухдæр кæсы худæндзастæй. Куыд мын радзырдтой, афтæмæй Бутайы-фырты участок пълан нæ сæххæст кæнын циу, уый нæ зоны. Иу хатт та сæм социалистон ерысæй фæсидтысты Зджыды геологон 199
партийæ иу участочы кусджытæ æмæ сæ Бутайы-фырт бафарста: - Уæ партийæн æдæппæт йæ пълан цас у? - æмæ йæ куы базыдта, уæд сын загъта: - Уæдæ мах участок ерысы цæуы æгас Зджыды партиимæ. Ерысы итогтæ куы бахыгътой, уæд Бутайы-фырты участок сæххæст кодта дыууæ пъланмæ хæстæг, Зджыды æппæт партийæ фылдæр. Уыцы уæлахиздзинады тыххæй абон дæр хистæр мастеры цонгыл баст ис, кæй йын балæвар кодтой, ахæм сахат. Бутайы-фырт канд дæсны быраузилæг æмæ зæрдиаг æхсæны кусæг нæу. Уый ма у хорз рационализатор дæр. Фиййагданы геологтæ бирæ зындзинæдтæ æвзæрстой сæ куысты. Хохы хуынкъгæнгæйæ сæ бырау арæх (сæмбæлы дзæнхъа къæйыл. Ахæм хъæбæр буары гæрдын нæ фæразы победитæй конд бырау æмæ арæх сæтты. Бутайы-фырт бафæлвæрдта алмаси бырауæй. Алмасийæ кусынæн та хъæуы бынтон æндæр технологи. Бутайы- фырт уый дæр йæхæдæг сбæлвырд кодта æмæ æппæты фыццаг йæ къухы бафтыд алмаси бырауы фæрцы рæвдз айгæрдын хох. Уыцы участочы иу бригады æз фембæлдтæн ленинградаг чызг Людмилæ Смирновайыл. Уый ахуыр кæны Ленинграды Хæххон институты æмæ ардæм ссыди практикæмæ. Кусы быраузилæг хистæр кусæджы бынаты. Йæ арæхстдзинад мæ зæрдæмæ фæцыд. Æмæ чызджы хабар геологты разамонджытæн куы дзырдтон, уæд мын æмдзыхæй загьтой: - Людæйыл куыстæй чи фæтых уа, ахæм лæппу ам бирæ нæ разындзæн... Ахъаззаг геолог дзы рауайдзæн. Тресты сæргълæууæг Челдыйы-фырт геологтæн бауайдзæф кодта, куысты цы хъуагдзинæдтæ бафиппайдта, уыдоны тыххæй. Чысыл фæстæдæр мын мæ рагон зонгæ инженер - геологон куыстыты разамонæг Анатолий Волков загъта: - Александр Хаджумарович раст дзуры... Нæ куыст хуыздæр хъуаг у. Æмæ йæ фæхуыздæр кæндзыстæм. ...Хур Ныгуылæнмæ ауырдыг æмæ мæнæ ныртæккæ къæдзæхы аууон фæуыдзæн. Къæдз-мæдз хæххон фæндæгтыл, сæ рыг сæ сæрмæ мигъау сбадти, афтæмæй хъæумæ æруырдыг 200
кодтой кæрæдзи фæдыл трактортæ, автомашинæтæ, фистæг адæм. Изæры уадымс йемæ хæссы моторты уынæр æмæ дард комæй йæ зыланг хъуысы, фæллойы зарæджы хуызæн. Уый - геологты фыццаг сменæ куыстæй æрцæуы Джимарайы хъæумæ. Куыд дзæбæх у ацы ран сæрдыгон изæр! Стырдоны бæрзонд былыл нарæг уынджы фæйнæфарс къæдзæхдурæй ног амад хæдзæрттæ. Уыдон сты геологты административон æмæ цæрæн хæдзæрттæ, клуб æмæ библиотекæ, хæрæндон æмæ магазин, стадион (афтæ йæ схонæм волейболæй хъазыны фаг чысыл фæз) - фæллойгæнæг адæмы цы хъæуы, уыдæттæ. Дæлæ бынæй комы кæмдæр, ардæм зынгæ дæр нæ кæны, Стырдон сыр-сыргæнгæ згъоры, цыма тагъд кæны Джызæлдонмæ йæ уылæнтæ ныххæццæ кæныцыл æмæ электростанцæйы турбин цырддæр разилын кæнынмæ. Къæдзæхты фæрстыл та, зæрватыччы ахстæтты хуызæн, нынныхæстысты, рагон джимарайаг хæдзæрттæ. Æдде бакæсгæйæ æндæрхуызон фесты æрмæст уымæй, æмæ сæ тъæпæн сæртыл фæзынди радиойы антеннæтæ, сæ разы цы телыхъæдтæ сагъд ис, уыдонæй та сæм уырдыгмæ телтæ æрнывæзтысты. Уыцы ныллæг хохаг хæдзæртты æхоæнты хæрдмæ фæцыдысты рагон зæронд мæсгуытæ. Ныр Джимарайы цы ног цард райгуырди, уый цур мæсгуытæ сты раджы фыдцуджы цыртдзæвæнтæ. Мæнæ дзы иуы дæрзæг къулыл дардмæ æрттивынц ставд дамгъæтæй фыст ныхæстæ: «Слава КПСС». Уый у хохаг адæмы арфæйы нысан, сæрибар сын чи ’рхаста, уыцы Коммунистон партийæн, абоны æмæ фидæны рухс цардмæ сæ чи хоны, уымæн. Джимара-Орджоникидзе. Август, 1960 аз —<©$©>— 201
Д. Жданкин ДАГЪИСТАЙНАГ ГÆРЗАРМ АДÆМ -Мæнæ ацы диссаджы чернилæдон уынут, йæ уæлæ рæсугъд нывæфтыд, металлæй, - дзуры Владимир Ильич Ленины фатер- музейы экскурсовод. -Уый фæтæлæн балæвар кодта Дагъистаны хæххон адæмы минæвæртты къорд 1921 азы февралы. Скодтой йæ бæрзонд хæххон хъæу Унцукулы гæрзарм кусджытæ чъерамийы хъæдæй. Дæсны конд дзаума тынг фæцыди Ильичы зæрдæмæ æмæ йæ ныууагъта йæ кусæн уаты фыссæн стъолыл дарынæн. Зæрдылдарæн зынаргъ лæвæрттæ ракодтой В. И. Ленинæн Кубачийы хъæуы къухæй дæснытæ дæр, зæгъæм, аив нывæфтыд æвзист агуывзæдарæн, æвзист чернилæдон, — бакæсгæйæ нефтцъирæн мæсыгау, æнæуи та æвзистæй арæзт, эмалæй рæсугъд ахуырстытæ, йæ уæлæ фыст: «Уарзон фæтæг Ильичæн дагъистайнаг мæгуыр адæмæй». Владимир Ильич стыр дис кодта хæххон бæстæйаг зæрингуырдты дæсныдзинадыл. - Цæст дарын, хъахъхъæнын хъæуы ахæм адæмы, баххуыс сын кæнут, сæ аивад цæмæй ма бамынæг уа куыдфæстæмæ, уый нæ, фæлæ тынгдæр цæмæй сæрттива, уымæн, - дзырдта Ленин делегацийæн, уыдон сæхимæ куы здæхтысты, уæд. Хæххон гæрзарм адæм фагтæгæн лæваргонд дзаумæттыл сæ къухты диссаджы аив фæдтимæ ныууагътой сæ зæрдæйы æхсид- гæ цæхæр, сæ æнæкæрон уарзондзинад фæтæгмæ, Коммунистон партимæ. Æмæ куыннæ! Сæ талынг сахъари хæдзаргæндты сын ног, амондджын царды рухс цытджын Ленин, Коммунистон пар- ти ссыгътой. Æмæ æппындæр аргъ кæмæн нæй, ахæм стыр хæзнагау æфснайдæй лæууынц уыцы дзаумæттæ Ильичы фатер-музейы, æмæ уый дагъистайнаг адæмæн стыр циндзинады хъуыддаг у. Хæххон Дагъистан тынг рагæй хъуыстгонд у йæ зæрингуырдтæй, йæ гæрзарм адæмæй, сæ æмбисонды хæрзаив конд дзаумæттæй. Æмæ цынæ хуызы дзаума рацыд сæ 202
къухæй: уæ зæгъай, æрдхæрæны рæсугъд гауызтæ, уæ зæгъай, хæрдгæхуыдтæ, металлыл нывæфтыдтæ, керамикæ, металлæй аивгонд хъаздын дзаумæттæ, дурæй конд, æвзистæй арæзт дзаума æмæ бирæ æндæр ахæмтæ. Уыимæ уыдон се ’ппæт дæр конд цæуынц къухæй, армæй. Дагъистаны иумæйаг æрмгуысты куыстуæгтæ æмæ механизмтæй ифтонггонд мастерскойтæ нæ уыди. Уыимæ хицæн зæрингуырдтæ сæ тыхтæ фылдæр хардз кодтой падцзæхтæн, кънйæзтæ æмæ хъæздгу ытæн хъаматæ, æхсаргæрдтæ, хъримæгтæ, стæй та топпытæ æмæ æндæр ахæм хæцæнгарз æвзист æмæ сызгъæринæй аразыныл. Ныр ахæм хотыхтæ аив кæныныл нал сафынц сæ рæстæг, уымæн æмæ уыдон, уыцы хæцæнгæрзтæ, абоны дуг æмæ абоны царды миниуджытæ æвдисæг не сты. Советон адæймаджы цард, йæ бацæуæндон рæсугъддæр, аивдæр цæмæй уой, уымæ аразынц ныр сæ тыхтæ, уымæн дæттынц сæ алæмæты дæсныдзинад. Советон дуджы, В И. Ленины фæдзæхсты фæстæ, Дагъистаны декоративон, нывæфтыдады аивад йæ хуыз скалдта. Республикæйы арæзт æрцыди гауызуафæн стыр фабрикæ. Сæвæрдтой дзы хорз машинæтæ. Ног хуызы рацарæзтой æлвыст æрмæг ахорæн сæйраг куыстуат, хъæуты арæзт æрцыд дæс æмæ ссæдз гауызуафæн мастерскойы. Сызгъæрин, æвзист æмæ æндæр ахæм зынаргъ дзаумæттæ кæнынæн Кубачийы хъæуы реконструкцигонд æрцыди, ныронг дзы цы чысыл фабрикæ уыди, уый. Ам та уадзын райдыдтой балхараг керамикæ æмæ рагон авараг аив нывæфтыд æвзист алыхуызон дзаумæттæ. Паддзахадон æмæ кооперативон фабрикæты æмæ мастерскойты кусджытæн лæвæрд цæуы техникон ажхуыс æмæ сын фадат ис сæ дæсныйад, сæ культурæ бæрзонддæр кæнынæн. Сæрмагондæй зæгъын хъæуы Кубачийы разагъд зæрингуырдтытыххæй. Уыдоны конд дзаумæтты кой хъуыстгонд у канд нæхи бæстæйы нæ, фæлæ суанг æндæр рæтты дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ кубачийаг зæрингуырдтæ сæхи адæмы рагон орнаментмæ арæхстджынæй хæссынц ныртæк- кæйы царды миниуджытæ, кусынц алыхуызон сюжеттыл, аив 203
нывæфтыд дзаумæтты ног хуызтæ æрхъуыды кæныныл. Зæгъæм, тынг райрæзыд барельефтæ, адæмы сурæттæ стæгыл кæныны аивад. Кубачийы номдзыд зæрингуырдтæ Гаджи-Бахмуд Маго- медов кардæй стæгыл сарæзта В. И. Ленины ныв, Расул Алиха- нов та Ильичы барельеф скодта пылыстæгыл. Ацы разагъд хъ- æуы цæрæг курдиатджын зæрингуырдтæ дыууæ хатты райстой сызгъæрин майдантæ Дунеон равдыстты. Адæмæн æмбисонды дæсны къухтæ ис Расул Алихановæн. Уый сарæзта Кремлы Спасскы мæсыджы рæсугъд модель, йæ цъуппыл сызгъæрин стъалыимæ. «Коммунизмы арæзтадтæ» - уыцы темæйыл Расул скодта æвзистæй арæзт къопп, йæ уæлæ Волгæ-Доны «ауæдзон къанауы ныв. Советон адæм сабырдзинадыл куыд тох кæнынц, уый аивадон амалтæй дæсны равдыста «Фарны къоппыл». Адæм Алихановы куыстытæн скодтой стыр аргъ, хонынц сæ фæллойы поэзи металлыл. Дагъистаны аивадты сгуыхт архайæджы кадджын ном Кубачийы хъæуы æппæты фыццагдæр райста Расул. Брюсселы Дунеон равдыстмæ Алиханов арвыста диссаджы цайцымæн сервиз. Курдиатджын зæрингуырд дзы арæхстджынæй равдыста рагон кавказаг орнамент æмæ нæ ныртæккæйы цардæй ист нывтæ. Уыцы дзаумайы тыххæй йын радтой номы лæвар æмæ бронзæ майдан. Фæстаг рæстæг Кубачийы хъæуы фæзынд фыццаг хæххон сылгоймаг - зæрингуырд Манаба Магомедовайæ фыццаг куыст — химæ зилæн стъолыл даргæ дзаумæттæ: айдæн æвзистæй арæзт хæцæнимæ, пудрæдарæн къопп, пылыстæгæй конд медальон, хрусталь æвгтæ духи æмæ одеколонæн уыиынмæ æвæрд уыдысты дунеон равдысты. Америчы Иугонд Штатты Оклахомæйы штаты, Лейпцигы, Брюсселы, æмæ сыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Æрæджы та Магомедова сарæзта æвзистæй нывæфтыд ног диссаджы рæсугъд дзаумæттæ æнгузбæласы хъæдæй. Уыдон сты «Уарзондзинады зарæг», зæгъгæ, Махмуды чиныджы æддаг цъар æмæ къус æнахуыр аив медальонимæ. Æмæ науæд кæмæн не сты зындгонд дагъистайнаг гауызтæ? Уафынц сæ Хуссар Дагъистаны хъæуты цæрæг курдиатджын гауызуафджытæ. Уыдонæй алы гауыз дæр 204
райс, уæд дзы иуырдыгæй бакæоæн ис хæххон адæмы царды таурæгъ, иннæрдыгæй та дæ дисы бафтаудзæн гауызуафджыты дæсныдзинад. Дагъистайнаг гауызтыл цы орнаменттæ ис, уыдонæй фæпайда кодтой, зæгъæм, Мæскуыйы Герцены уынджы Паддзахадон университеты агъуысты бацæуæн фарс ранæй-рæтты сфæлындынæн дæр. Разагъд дагъистайнаг гауызуафджытæн цы бантыст, ууыл нæ банцадысты, фылдæр кæнынц сæ дæсныдзинад, мысынц ног нывтæ, ног орнаментгæ. А фæстаг азты та сæ къухæй рацыд, æмбал кæмæн нæй, ахæм рæсугъд æнæхау нывæфтыд гауыз, схуыдтой йæ «Сумах». Уый у гауыз-таурæгъ, йе скæнджытæ дзы зарынц ног цардамондыл, адæмы стыр циныл. Ныртæккæ республикæйы аивадон фонды ис 150 дагъи- стайнаг алыхуызон гауызæй фылдæр. Æмæ уыдонæй нæхи бæстæйы, стæй фæсарæнты дæр уæлдай хъуыстгонддæр сты мæнæ ахæмтæ: «Дербент», «Табасаран», «Микрах», «Ахты», «Кочи-голь» æмæ æндæртæ. Фенæн сын ис Европæйы, Азийы æмæ Америчы бæстæты столицæты бирæ стырдæр музейты. Дунейы рæсугъддæр æмæ зындгонддæр гауызты нымады чи бахауд, уыцы гауызты хуызæн æвзист, сызгъæрин æмæ æндæр металлæйконд дзаумагттæ кæддæриддæр адæмы дисы æфтыдтой æмæ ныр дæр æфтауынц сæ хæрзаив нывтæй, сæ хъуыдыйæ, сæ композицийæ, сæ къухахастæй. Кæд æмæ кæдæй кæнынц æрыгон хæххон сылгоймæгтæ гауызтæ уафыны куыст. Фæлæ мæнæ иу гауызыл куыд зæрдиагæй архайынц, афтæ никуыма уыди. Устытæ йæ схуыдтой «Сабыр цардыл тохгæнæг»Гауызы «бавæрдтой» сæ зæрдæйы цæхæр, зæххыл фарн æмæ амонд цæмæй уа, сæ сабитæ æдыхст, æнæфыдбылыз, æнæмаст цæмæй уой, уыцы хъуыдытæ æмæ бæллицтæ. Гауызы æвдисынц нæ Райгуырæн бæстæйæ се ’нæкæрон сæрыстырдзинад, сабырдзинадыл тохгæнджыты сæргъы кæй ис, уый тыххæй. Бæрæг дзы дары, куыд буц, куыд рæвдыд дзы æййафынц, уый. Гауызмæ бакæсæнтæ нæй, афтæ хæрзаив æмæ рæсугъд у. Фæсте дзы зыны зæххы къори, йæ уæлæ та йын, разæй, къухæй дæсны сылгоймæгтæ бауæфтой сабыр цардыл æмæ фарныл зынгæ тохгæнæг Никитæ Сергеевич 205
Хрущевы сурæт, зæххы къорийы алыварс та зилынц советон спутниктæ - нæ социалистон наукæйы æнтыстдзинæдты æмбисонды нысæнттæ. Ацы аз фæззæджы дагъистайнаг къухæй дæсныты конд дзаумæттыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой Мæскуыйы аив нывæфтыдадон æппæтуæрæсейаг равдысты. Уым Балхары арæхстджын сылгоймæгтæн уыди 250 алыхуызон æлыгæй конд рæсугьд тæбæгъы, къусы, дурыны, Унцукулы хъæды куыстмæ гæрзарм чи у, уыцы адæймæгтæн та 70 алыхуызон дзаумайы. Гауызтæ равдыстмæ æрбарвыстой Хуссар Дагъистаны хъæуты цæрæг гауызуафджытæ дæр. Уæдæ фæсте кæм баззадаиккой кубачийæгтæ дæр. Адæмы-иу сæ кгах нал хаста уыцы номдзыд хъæуы цæрæг зæрингуырдты конд дзаумæтты цурæй. Дагъистайнаг гæрзарм адæм равдыстмæ цы алыхуызон аив дзаумауацмыстæ æрбарвыстой, уыдонæй бæрæг у, хæххон республикæйы къухы нывæфтыдадон аивады кæй бафтыд стыр æнтыстдзинæдтæ. Фæлæ декоративон æмæ нывæфтыдадон аивад республикæйы ноджы стырдæр бæрзæндтæм схиздзæн авдазоны дæргъы. Адæмы цард раасугъдцæр, аивдæр кэмшнæн ахæм нывæфтыд, ахæм рæсугъд дзаумæттæ, нысаигонд куыд цæуы, афтæмæй уыцы рæстæг уагъд æрцæудзæн дыууæ хапы фылдæр. Коммунистон парти æмæ Советон хицауад сæ цæст тынг дарынц Дагъистаны адæмон аивад ноджы тынгдæр рæзын кæнынмæ. Фæсивæдæй, къухæй дæснытæ цæттæ кæнæн скъола байгом Махачкалайы. Рагон аивад кæны æрыгон, рæзгæ аивад! —<©$©>~ 206
Дзанайты Аким В. И. ЛЕНИН ÆМÆ КАВКАЗЫ РЕВОЛЮЦИОН ЗМÆЛДЫ ИУÆЙ-ИУ ФАРСТАТÆ Уæрæсейы марксистон парти саразыныл æмæ уый алыварс бæстæйы революционтыхтæ сæмбырд кæныныл цы æрдхæрæны куыст æрцыди, уым В. И. Ленин стыр бынаты æвæрдта Кавказы пролетариаты, дзырдта, адæмы соииалон æмæ наиион æгъдауæй ссæрибар кæныныл Уæрæсейы кусджыты, стæй Совггон хицаудзинадыл æмæ социализм саразыныл нæ бæстæйы фæллойгæнджыты стыр тохы Кавказы пролетариат кæй ахсы стыр бынат. Ленины куысты, ныхæсты æмæ документты бæлвырдæй æвзæрстæрцыдыстыКавказыадæмтыэкономиконæмæполитикон цард, уыдон 1917 азы агъоммæ куыд тох кодтой, соииалистон революцийы æмæ граждайнаг хæсты куыд фæуæлахиз сты æмæ уый фæстæ Кавказы советон республикæтæ сæ хæдзарад æмæ культурæ дарддæр куыд рæзын кодтой, уыцы фарстатæ. Ленин стыр æххуыс бакодта Кавказы болыневикон организацитæн, уыд Кавказы Советон хицаудзинады фæуæлахизыл тохы разамонæг. * * * XIX æнусы дыккаг æмбисы, Уæрæсейы капитализм куы рæзыд, уæд Кавказы адæмты царды дæр æвзæрыд æмæ фидар кодта царды бирæ ног æууæлтæ, Уæрæсейы капитализмы рæзтимæ баст чи уыд, ахæмтæ. Кавказ хæстæгæй-хæстæгдæр кодта бæстæйы экономикон царды зилдухмæ, рæзыдысты йæ арæзтадон тыхтæ, йæ экономикæ. Сæнкъуыстысты æмæ сæфтмæ цыдысты зæронд патриархалон æмæ феодалон цардыуаг æмæ уыимæ баст æгъдæуттæ, ам дæр фæзынд æмæ рæзыд кусджыты кълас, æмæ уый тагъд рæстæджы сси Уæрæсейы пролетариаты къордтæн сæ тæккæ стырдæртæй иу. Царды уыцы æууæлтæ Кавказы адæмты хæстæг æвæрдтой уырысмæ æмæ Уæрæсейы иннæ адæмтæм сæ царды æмæ тохы мидæг. Уый уыдис стыр 207
историон прогрессивон хъуыддаг кавказаг адæмты царды, у ымæн æмæ раст уыцы заманты Уæрæсе сси дунеон революцион центр, фидæны ног царды тыхтæ æппæтæй домбайдæр кæм кодтой, ахæм бæстæ. Революцион фæндагыл Уæрæсейы адæмтимæ иумæ цæуын байдыдтой Кавказы фæллойгæнæг адæм дæр. Фæлæ Кавказы фæллойгæнæг адæмты уыцы уæрæх прогрессивон фæндагыл цæуын нæ уагътой, хъыгдардтой сæ сæ царды феодалон баззайæггæгтæ, паддзахы хицаудзинад, Кавказ колонийы уавæры кæй уыд, уый. Кавказы историйы уыцы фарстатæ се ’ппæт дæр æвзæрст æрцыдысты В. И. Ленины куыстыты, уæлдайдæр та йæ курдиатджын чиныг «Капитализмы рæзт Уæрæсейы», зæгьгæ, уым. Зæхкусджыты реформæйы фæстæ Уæрæсейы алы кæрæтты капитализм куьщ рæзы æмæ уыцы хъуыддаг бæстæйы рæзгæ химидæг рынокыл куыд зыны, уый æвзаргæйæ, Ленин скодта стыр наукон хатдзæгтæ. Ленин фыста, зæгъгæ, реформæйы уæлвæд У æрæсейы хицæн рæтты экономикæ æмæ ног, буржуазон ахастдзинæдты рæзт басту, уыцы рæтты ма феодалон, цардæвæрд цæй бæрц баззад, уыимæ. Капитализм Уæрæсейы алы кæрæтты куыд рæзы æмæ дзы уым цы хицæндзинæдтæ ие, уый бæрæг кæнгæйæ, Ленин ноджы равдыста колонийы экономикон æмæ социалон-политикон бæрæггæнæнтæ, стæй бæстæйы кæрæтты капитализмы рæзт иу, æппæтуæрæсейаг экономикон системæйы сарæзтæн цы ахъаз у, уый. Уымæй уæлдай бацамыдта, уыцы иу экономикон системæ кæй у Уæрæсейы адæмты кæрæдзимæ хæстæгдæр кæныны материалон бындур. Ленин куыд фыссы, афтæмæй Уæрæсейы промышленнон ка- питализмы рæзтæн ис стыр ахадындзинад бæстæйы кæрагтты царды. «Реформæйы фæстæ дуджы, -зæгъы Ленин,—иуырдыгæй цыди тыхджын колонизаци, колонисттæ, уæйæн мæнæуы, тама- койы æмæ æндæр ахæмты куыст чи кодта æмæ семæ Уæрæсейы зæхкусæг æххуырст адæмы чи кодта, уыдон фæлдæхтой бирæ зæххытæ (уæлдайдæр та Цæгат Кавказы). Иннæрдыгæй та - æхгæд цыдысты туземаг æнусон «æрмгуысты» промыслæтæ, æрласæггаг мæскуыйаг фабрикантты конкуренцийы ныхмæ 208
лæуын чи нæ фæрæзта, уыдон» (В. И. Ленин, Уацмыстæ, т. 3, ф. 520-521). Ленин фыссы, Кавказы хæххон промышленность, уæлдайдæр та нефты куыст Бакуйы куыд тынг рæзы, горæттæ дзы куыд æвзæрынц, уый, ахуыр кæны конкретон экономикæйы фарстатæ, промышленносты æмæ зæххы куысты буржуазон ахастыты рæзт: дондæфæй кусгæ машинæты бæрц æмæ рæзт куыстуæтты, зæхкусджыты хицæн группæтæм цас бæхтæ ис, уый статистикæ, хъæууон хæдзарады æххуырстæй куыст куыд рæзы æмæ æндæр фарстатæ; æвзары уыцы факттæ, Европæйаг Уæрæсе æмæ сæ æппæт бæстæйы æрмæгимæ баргæйæ. Ленин стыр æнувыдæй йæ хъус дардта, Кавказы кусджыты кълас куыд æвзæрыд æмæ рæзыд, уымæ. «Кавказы промышленносты кусджыты нымæц дæр рæзыди тынг тагъд, ома 3431 адæймагæй 1872 азы 17603 адæймаджы онг 1890 азы, кæнæ фæфылдæр фондз хатты», фыссы Ленин, ам дæр Европæйаг Уæрæсейы æмæ Польшæйы хуызæн тынг тагъд кæй бирæ кæнынц æфсæнвæндаджы кусджытæ. Кусджыты къласы кадртæ Кавказы ноджы тагъддæр рæзы- дысты 90 азты фæстæ, æмæ 1905 азмæ ам уыд, æххæстæй бæл- вырдгонд чи нæма æрцыд, уыцы бæрæггæнæнтæм гæсгæ: Гуы- рдзыйы, Азербайджаны æмæ Фæскавказы иннæ рæтты 92 мин кусæгæй фылдæр, Цæгат Кавказы та - Ростовы 25 мины бæрц, Грознайы 11 минæй фылдæр, Ирыстоны 3,5 минæй фылдæр. Уыцы кусджытимæ уыд Бакуйы номдзыд пролетариат. Реформæйы фæстæ Кавказы историйы цы ахсджиаг ног факттæ уыдис, уыдон сахуыр кæнгæйæ, В. И. Ленин бацамыдта, Кавказы адæмтæ цы историон фæндагыл цæуын байдыдтой, уый. Ленин фыста, зæгъгæ, уырыссаг капитализм Кавказы адæмты цард хæстæгдæр кæнын райдыдта «товарты дунеон зилдухмæ, æмхуызон ын кодта йæ бынæттон хицæндзинæдтæ, зæронд патриархалон иппæрддзинадæй чи баззад, уыдон, - сарæзта йæхицæн рынок йæ фабрикæтæн», Кавказы «саста» экономикон æгъдауæй, æмæ «хæххон адæмты бæстæ, реформæйы хæдуагæвæд дунеон хæдзарадæй æмæ суанг историйæ дæр иуварс чи лæууыд, уыдон бæстæ сси нефты промышленникты, 14 209
сæны сæудæджерты, мæнæу æмæ тамакойы фабрикантты бæстæ» (В. И. Ленин, Уацмыстæ, т. 3, ф. 521). Ленины куыст «Капитализмы рæзт Уæрæсейы» зындгонд уыдис Кавказы, уæлдайдæр та Гуырдзыйы. Куыддæр чиныг рацыд, афтæ йын ам фыст æрцыд рецензи дæр. 1907 азы йæ номдзыд уацмыс «Капитализмы рæзт Уæрæсейы» мыхуыры дыккаг хатт куы цыд, уæд Ленин фыста: уыцы куысты «Уæрæсейы æхсæнадон-хæдзарадон æмæ кълассон арæзт эканомикон æгъдауæй сбæрæг кæныны æмæ статистикæйы бæрæггæнæнтæм критикон æгъдауæй æркæсыны фæрцы цы анализ конд æрцыд», уый растдзинад 1905-1907 азты революцийы заман пролетариат равдыста, тохы æргомæй кæй бацыд, уымæй. «Революцийы рабæрæг, пролетариат разамонæг кæй у, уый. Рабæрæг уый дæр, æмæ уымæн историон змæлды йæ тых кæй у, адæмы æхсæн йæ бæрц цас у, уымæй бирæ фылдæр». (В. И. Ленин, Уацмыстæ, т. 3, ф. 9). Ленины уыцы арф хъуыды царды æххæстгонд æрцыд 1905- 1907 азты, революцийы бонты Кавказы дæр. Ленин реформæйы фæстæ дуджы Кавказы экономикон æмæ æхсæнадон цардæн цы анализ сарæзта, цыбырæй уæлдæр кæй федтам, уым бæрæггонд æрцыдысты, фыццаг буржуазон революцийæн Кавказы цы арф уидæгтæ уыди, уыдон. В. И. Ленин стыр æххуыс бакодта Кавказы социал демократон змæлдæн, стæй ам болыневикты организациты сæвзæрыны æмæ сфидар кæныны хъуыдцагæн. Уыцы фарстайыл, стæй Кавказы национ фарстайыл Ленин архайдта, йæ цытджын революцион куыст куы байдыдта, раст уæдæй фæстæмæ. Суанг 90 азты æмбис Ленин йæхи сбаста Кавказы прогрессивон адæмтимæ, революцион змæлды зæрдиаг кусджытимæ. «Æмæ Н. М. А. фæстæмæ СПБ-æй Калакмæ куы сыздæхт, уæд дæ нæ федта? Æмæ дын нæ загъта (æз ын цы фæдзæхстон, уый), мæнæн бæрæг бынат кæй ис... адрес, уый», - фыста Ленин зындгонд экономист П. Масловмæ 1894 азы (Ленинский сборник, XXXIII, ф. 16). Ленины куыст Кавказы революцион змæлдыл æмæ социал-демократон организациты архайдыл ноджы тынгдæр фæзындис, 1895 азы фæстæ уый, 210
æппæт Уæрæсейы социал-демократон организациты сарæзтæн сæйрагдæр ахъаз чи фæци, уыцы номдзыд «Кусæг къласы ссæрибарыл тохы Цæдис» куы сарæзта, уæд. «Тохы цæдис» мыхуыры цы уагъта, уыдон æмæ Ленины куыстытæ «Объяснение закона о штрафах», «Что такое «друзья народа» и как они воюют против социал-демократов», «К характеристике экономического романтизма», «Экономическое содержание народничества и критика его в книге г. Струве» хæццæ кодтой Кавказмæ, куыддæр-иу мыхуыры рацыдысты, афтæ уайтагъддæр, «Тохы Цæдис» æмæ Кавказы социалон- демократон организациты æхсæн бастдзинад цæмæй уа, ууыл зæрдиагæй куыстой «Тохы Цæдисы» уæнгтæ, Кавказмæ хаст чи уыди æмæ афтæмæй ам революцион куыст чи кодта, уьщон. Ленин æмæ йæ газет «Искрæ» стыр æххуыс фесты Кавказы ленинон-искрон социал-демократон группæты сæвзæрдæн, уыцы группæтæ та сæвæрдтой бындур РСДРП-йы Кавказы Цæдисон комитет саразынæн, Ленинæн ног типы пролетарон парти саразыны хъуыддаджы фидар æнцой чи уыд, уый бындур. У ыцы куыст Ленин кодта газет «Искрæ»-йы æххуысæй, æмæ уый йæ сæвзæрынæй фæстæмæ тынг бирæйæ æрвыст цыдис Кавказмæ. Газет «Искрæ» истой Терчы зылды социалдемократон организацитæ дæр. Дзæуджыхъæуы, уæлдайдæр та Грознайы, æмæ æндæр рæтты. 1901 азы Ленин сæвæрдта фарста Бакуйы искрон группæйы раз, уым «Искрæйы» æрмæг чи мыхуыр кодтаид, ахæм сусæг типографи саразыны тыххæй. Уый фæстæ Ленин лæмбынæгæй йæ хъус дардта уыцы типографийы куыстмæ. Бакуйы искровецтæй иумæ, Кецховелимæ, фысгæйæ-иу фарста типографийы куыстæй: «Искрæ» мыхуыргæнæн дзы ис æви нæ? «Кæд техникæ рæвдз у, - фыста Ленин, - уæд цы амал ис, уыйас тагъдцæр «Искрæйы» иу номыр уæддæр рауадзут мыхуыры». Ленины разамындæй Бакуйы типографи сси, æппгет Уæрæсейы сусæг æрмæг чи мыхуыр кодта, уыдонæн сæ тæккæ тыхджындæртæй иу. Калачы æмæ Бакуйы комитеттæ «Искрæ»- йы матрицæтæ ластой фæсарæнæй æмæ сæ мыхуыр кодтой Бакуйы типографийы, ардыгæй, Н. Крупская куыд зæгъы, 211
афтæмæй «Искрæ» æрвыстой, зæгъæн исэ æппæт Уæрæсемæ дæр» (Ленинский сборник, VIII, ф. 149). 1903 азы райдианы Фæскавказы арæзт æрцыд ленинон- искрон здæхт группæтæ. Уыдон уыцы аз мартъийы Калачы, Кавказы социал-демократон организациты фыццаг съезды баиу сты æмæ сарæзтой РСДРП-йы Кавказы Цæдис. РСДРП-йы Кавказы Цæдис арæзт цыд социал-демократон организациты ленинон интернационалон принциптыл æмæ йæ тæккæ райдианæй фæстæмæ йæхи сбаста Ленинимæ æмæ бакодта стыр ахсджиаг куыст Кавказы пролетариаты тыхтæ æрбамбырд æмæ сиу кæныны хъуыддаджы. Ленин тынг йæ хъус дардта РСДРП-йы Кавказы Цæдисмæ æмæ æппынæдзух æххуыс кодта уымæн йæ комитетæн—РСДРП- йы Кавказы Цæдисон комитетæн. Уæлдай тынгдæр Ленин йæ цæст дардта Комитеты мыхуыры куыстмæ, æххуыс ын кодта уыцы хъуыддаг стыхджын кæнынæн. 1903 азы Ленин партийы ЦК-йы размæ сæвæрдта фарста фæсарæны гуырдзиаг æмæ сомихаг æвзагыл сусæг литературæ уадзыны тыххæй. «Мах ныртæккæ зæрдиагæй архайæм, - фыста Ленин уыцы аз октябры Кавказы Цæдисон комитетмæ Женевæйæ, - цæмæй ам мыхуырæй цæуын райдайа гуырдзиаг æмæ сомихаг литературæ. Уыцы хъуыддаг сæхимæ айстой арæхстджын æмбæлттæ; нæ зæрдæ дарæм æхца ссарыныл. Баххуыс хъæуы литературæйæ дæр æмæ æхцайæ дæр», (В. И. Ленин, Уацмыстæ, т. 34, ф. 151). Æмæ уыцы ахсджиаг хъуыддаг Ленин сæххæст кодта: уый зондæй 1904 азы февралы Женевæйы, партийы ЦК-йы, арæзт æрцыд сæрмагонд къамис гуырдзиаг æмæ сомихаг æвзæгтыл социал-демократон партион литературæ уадзыны тыххæй, йæ сæргъы С. Шаумян, афтæмæй. Уагъд æрцыд бирæ литературæ, зæгъæм, Маркс æмæ Энгельсы «Коммунистон манифест» (сомихаг æвзагыл), æмбырдгонд «Хъусынгæнинаг Уæрæсейы социал- демократон кусджыты партийы дыккаг съезды тыххæй» (сомихаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтыл) - мыхуыргонд дзы æрцыдысты партийы программæ, дыккаг съезды кæй сфидар кодтой, уый, РСДРП-йы устав æмæ æндæртæ, æдæппæт 212
21 документы. Уымæй дарддæр къамис рауагъта брошюрæ, уым, уыдысты РСДРП-йы программæ, партийы ЦК «Хæсты тыххæй» цы прокламаци ныффыста, уый (гуырдзиаг æвзагыл), стæй Ленины фыст прокламаци «Фыццæгæм май». Ленин лæмбынæг кастис, Фæскавказы партийы мидæг цы тох цыдис, уымæ, стыр аргъ кодта, кавказаг большевиктæ меньшевикты ныхмæ цы æнауæрдон тох кодтой, уымæн, стыр æхсызгонæн дзырдта, Кавказы болыпевиктæ партийы II съезды уынаффæты фарс фидарæй æрлæууыны тыххæй цы уынаффæ рахастой, уый тыххæй. «Кавказаг æмбæлттæ фидарæй цæуæнт, цы фæндагыл æрлæууыдысты, ууыл. Ма хъусæнт меныпевикты хахуыр ныхæстæм. Тагъд мыхуыры рацæудзысты съезды протоколтæ æнæхъæнæй, æмæ уæд хъуыддаг бæрæг уыдзæн æппæтæн дæр. Дарддæр дæр кусæнт хæларæй ЦК-имæ æмбалон æууæнкдзинадæй, æмæ мах уырны, уæд партийы ныртæккæйы «змæст» тагъд кæй нал уыдзæн» (В. И. Ленин, Уацмыстæ, т. 34, ф. 151). РСДРП-йы II съезды фæстæ 1903 азы октябры дыккаг æмбис æрæмбырд РСДРП-йы Кавказы Цæдисы II съезд; æмæ кæд меныыевиктæ тынг ныхмæ лæууыдысты, уæддæр съезд хорзыл банымадта Ленины æмæ йе ’мбæлтты позици РСДРП-йы II съезды, хъæбæрæй радзырдта меньшевикты фисынмæ миты ныхмæ. РСДРП-йы Кавказы съезды резолюцийы фыст уыди: «Уæрæсейы демократийы бирæ алырдæмыты хæцыны æмæ дыууæрдæм кæныны миты фæстæ ныр, æппынфæстаг, нæ хъуыддагыл кусæг æмбæлттыл стыр æхсызгондзинад сæмбæлди, партийы радон II съезды РСДРП æцæгдзинадæй арæзт кæй æрцыди, уымæй» (Гуырдзыйы Коммунистон партийы историйы очерктæ, I хай, Калак, ф. 86, 1957 аз). РСДРП-йы Кавказы Цæдисы II съезды фæстæ меныневиктæ фæтыхджындæр кодтой сæ халæн, дезорганизадион куыст. 1904 азы райдианмæ хъуыддаг афтæ рауад, æмæ тас уыди, меныневиктæ Гуырдзыйы разамынд куы байсой, уымæй. Фæлæ уыцы бонты И. Сталин, уый размæ Кавказмæ хасты бынатæй ссыди, афтæмæй, А. Цулукидзе, С. Шаумян æмæ Кавказы 213
Цæдисы иннæ уæнгтæ хъæбæрæй лæууыдысты партийы куысты ленинон пъланыл. Уыцы тохы фæскавказаг болыиевиктæн комкоммæ æххуыс кодта Ленин. Уый 1904 азы февралы Калакмæ арвыста В. С. Бобровскийы. Тынг стыр æххуыс бакодта Ленин Кавказы большевиктæн, партийы III съезд æрæмбырд кæныныл тох куы цыдис, уыцы рæстæг; уый раст фæндагыл сарæзта кавказаг болыиевикты, партийы ЦК меныыевиктæ куы байстой, уæд. 1904 азы сентябры В. И. Ленин Калакмæ арвыста партийы ЦК-йы уæнг Р. С. Землячкæйы. Землячкæ æмбырд сарæзта Кавказы Цæдисы æмæ Калачы комитеттæн, радзырдта сын, Ленины разамындæй 22 большевикæн 1904 азы Женевæйы цы æмбырд уыдис, уый уынаффæтæ. Землячкæ æмбырды бакасти Ленины фыст фæсидт «Партимæ», æртыккаг съезд æрæмбырд кæныны тыххæй болыневикты программæ чи ссис, уыцы документ. Уыцы докумемт, меньшевикон ЦК-йы дыдзæсгом митæ чи æргом кодта, уый æмбырд куы базыдта, уæд рахаста ЦК-йыл æнæууæнчы уынаффæ æмæ хъæбæрæй загъта, цæмæй III съезд арæзт æрцæуа. Калакæй Землячкæ ацыд Бакумæ, æмæ Азербайджаны болыиевиктæ дæр радзырдгой III съезд саразыны фарс. «Мах Кавказы бынтондæр фæуæлахиз стæм», - фыста Землячкæ фæстæдæр уыцы æмбырдты тыххæй. 1904 азы ноябры кæрон Кавказы Цæдисон комитет Ленины амындæй æрæмбырд кодта Кавказы большевикты фыццаг конференци. Уыцы конференцийы уьщи делегаттæ Цæгат Кавказæй дæр. Конференци хъæбæрæй радзырдга меньшевикты æмæ, фидауцы хъуыдыйыл хæст чи уыди, уыдоны ныхмæ, загъта, кæй не ’ууæнды партийы центрон оргæнтыл, уынаффæ рахаста, партийы III съезд æрæмбырд кæныныл куыст тыхджынæй цæмæй цæуа, уый тыххæй. Ноябры конференци ахсджиаг уынаффæ рахаста Цæгат Кавказы социал-демократон организацитæн баххуыс кæныны тыххæй дæр. «Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Кавказы ранæй-рæтты, бæрæг чи нæма срæвдз ис, ахæм социал-демократон къордтæ æмæ организацитæ кæй ис, уый хъуыды кæнгæйæ, Цæдисон комитетæн йæ хъус тынг 214
фæдарын хъæуы уыцы рæттæм, уым цы къордтæ æвзæры, уыдонæн æппæт тыхтæй дæр æххуыс кæнгæйæ, кæм не сты, уым та ногтæ аразгæйæ» (Газет «Кавказский рабочий листок», 12/Х1-1905). В. И. Ленин хорз аргъ скодта конференцийы уынаффæтæн, стæй стыр æхсызгонæй сразы ис уымæ фæсарæнмæ «сæрмагонд делегат» арвитыны пъланимæ дæр. Владимир Ильич фыста, цæмæй уыцы «диссаджы пълан» тагъддæр æххæстгонд æрцæуа. «Æнæ уый æцæгдæр тынг зын у, зæгъæн ис æмæ нæй баныхас кæнæн, куыд æмбæлы, афтæ. Афтæмæй та ныртæккæ уый тынг æхсызгон хъæуы» (В. И. Ленин, Уацмыстæ, т. 34, ф. 239). Ленин ноджы сæвæрдта фарста, уыцы конференцийы резолюцитæ фæсарæйнаг æвзæгтæм тæлмацгонд цæмæй æрцæуой, уый тыххæй. Ноябры конференцийы фæстæ Фæскавказы болыыевиктæ хъæддыхæй кусын байдыдтой партийы III съезд æрæмбырд кæныныл; уыцы куыст цыдис меньшевикты ныхмæ тох кæнгæйæ. Ленин стыр аргъ скодта, Кавказы Цæдисон комитет газет «Вперед»-æн партийы III съезд æрæмбырд кæныныл тохы заман цы æххуыс бакодта, уымæн. Куыддæр газет «Вперед» цæуын байдыдта, афтæ Кавказы Цæдисон комитет рахаста уынаффæ газетæн литературон æгъдауæй баххуыс кæныны тыххæй æмæ газет «Пролетариатис Брдзола»-йы редакцийы сарæзта сæрмагонд литературон къорд. Ленин стыр аргъ кодта, бынæттон комитеттæ газетæн цы æххуыс кодтой, уымæн, æмæ фыста йæ писмойы Кавказы Цæдисы комитетмæ: «Фезмæлут тагъддæр æмæ, уæ хорзæхæй, æрвитут фылдæр æмæ фылдæр кусджыты уацхъуыдтæ. Сымахæй аразгæ у газеты æнтыстдзинад, уæлдайдæр та уымæн, æмæ йæ зындæр вæййы райдайын» (В. И. Ленин, Уацмыстæ, т. 34, ф. 240). «Махæн тынг æхсызгон уыдис Кавказы «Вперед»-æн æххуысы литературон къорды сарæзты хабар, бастдзинад хорз куы сæвæрат, уæд бакæндзыстут стыр хъуыддаг», - хъусын кодта Ленины ныстуан Н. Крупская Кавказы Цæдисон Комитетæн 1905 азы 5 февралы. 215
Ленинæн тынг æхсызгон уыди, Кавказы Цæдисон комитет газет «Вперед»-ы номыртæ Кавказæн уырыссаг, гуырдзиаг æмæ сомихаг æвзæгтыл уадзыны тыххæй кæй рахаста æмæ Ленинæн кæй фехъусын кодта, уыцы уынаффæ дæр. Уый фæдыл Крупскаяйæн Ленин цы писмо æрвитын кодта Кавказмæ, уым фыст уыди афтæ: «Бæгуыдæр махæн тынг æхсызгон уыдзæн, «Вперед» Кавказы тæлмацгонд æмæ уагъд куы цæуа, уæд. Цы зæгъæн ис уый ныхмæ?» (Журнал «Пролетарон революци», 1925аз,№5,ф.42). Кавказы Цæдисон Комитетæн æцæг йæ къухы нæ бафтыд йæ уынаффæ сæххæст кæнын, фæлæ уæддæр самæлттæ кодта, æмæ газет «Вперед»-ы ластой фæсарæнæй Фæскавказмæ; уыцы газет истой Терчы зылды социал-демократон къордтæ дæр. Куыд уынæм, афтæмæй Ленины разамындæй Кавказы рæзыдысты æмæ фидар кодтой ленинон-искрон организацитæ. Уыцы организацитæ уыдысты Ленины зæрдæдаргæ æнцой революцион марксистон парти саразыныл тохы, æмæ суанг фыццаг уырыссаг революцийы агъоммæ систы большевикон партийы раззагдæр отрядтæй иу, уыцы революцийы бонты тохмæ ракодтой Кавказы кусджыты æмæ зæхкусджыты. Ленин стыр аргъ скодта, Кавказы фæллойгæнджытæ фыццаг уырыссаг революцийы цы тох самадтой æмæ уæд кавказаг болыпевиктæ цы куыст бакодтой, уымæн. Уый Кавказы æвæрдта ахæм раззагдæр рæтты фарсмæ, «кæцы ран змæлд ацыд æппæтæй дарддæр зæронд террорæй, кæцы ран сыстад рæвдзгонд æрцыд æппæтæй хуыздæр, кæцы ран пролетарон тохы дзыллондзинад æвдыст æрцыд æппæтæй тыхджындæр æмæ бæлвырддæр» (В. И. Ленин, Уацмыстæ, т. 10, ф. 100). 1905 азы апрелы революцион тох тынгæй-тынгдæр куы кодта, уæд æрæмбырд партийы III съезд æмæ уый сбæрæг кодта партийы тактикæ революцийы. Съезды, уæлдайдæр та йæ номдзыд чиныг «Социал- демократийы дыууæ тактикæйы демократон революцийы», зæгъгæ, уым Ленин стыр курдиатджынæй сбæрæг кодта большевикты партийы тактикæ, лæмбынæгæй равзæрста, 216
буржуазон-демократон революцийы пролетариат гегемон кæй у, уый, кусджыты къласы æмæ зæхкусджыты цæдисы, пролетариат æмæ зæхкусджыты революцион диктатурæйы тыххæй фарстатæ æмæ бацамыдта буржуазон-демократон революцийæ социалистон революцимæ рахизыны æууæлтæ. Съезды куысты стыр бынат æрцахста æдгæрзтæ сыстады фарста. Ленин уыцы фарстайы фæдыл Уæрæсейы иннæ промышленнон центрты кусджыты тохыл дзургæйæ, ныхас кодта Кавказы кусджыты æдгæрзтæ тохы тыххæй дæр. Иумæ æрæвæрдта Петербурджы, Ригæйы æмæ Кавказы кусджыты тох æмæ йын скодта стыр аргъ. Ленин III съезды зæхкусджыты змæлдæн æххуысы тыххæй цы доклад скодта, уый фæдыл М. Цхакая радзырдта «Кавказы зæхкусджыты змæлды тыххæй», стæй съезд Ленины фæндонмæ гæсгæ рахаста сæрмагонд резолюци «Кавказы хабæртты фæдыл». III съезд Уæрæсейы пролетариаты номæй йæ резолюцийы арфæ кодта «Кавказы хъæбатыр пролетариат æмæ зæхкусджытæн» æмæ бафæдзæхста партийы центрон æмæ бынæттон комитеттæн, цæмæй тынг хъæбæрæй бакусой, Кавказы хъуыддаг куыд у, уый æппæт рæтты дæр хъусын кæныныл, фыссой уый тыххæй брошюрæтæ, дзурой митингты, кусджыты æмбырдты, къордтимæ беседæты, «æххуыс кæной, сæ къухы цы ис, уымæй Кавказæн». Уыцы резолюцийы проекты Ленин Кавказы партион организациты схуыдта «нæ партийы тæккæ хæстхъомдæр организацитæ» (СЦКП-йы резолюцитæ, 1954 аз, 7-æм рауагъд, хай 1, ф. 84). III съезд хорзыл банымадта, Кавказы Цæдис сусæг литературæ уадзыньш цы стыр куыст кодта, уый. Кавказы Цæдис уагъта листовкæтæ, прокламацитæ, газеттæ сæдæгай мин экземпляртæй уырыссаг, гуырдзиаг, сомихаг æвзæгтьш. Кавказы Цæдисы мыхуыргонд документгæ цыдысты Цæгат Кавказмæ дæр. «Ирæттæм æмæ Кавказы хæххон адæммæ» - ахæм прокламаци 1905 азы уалдзæджы Кавказы Цæдис рарвыста Терчы зылдмæ. Прокламаци ссардтой Æрыдоны, уым болыневиктæ тохмæ сидтысты ирон æмæ æппæт Кавказы хæххон адæмтæм. (Цæгат Ирыстоны АССР-йы истори, хай 1, Мæскуы, 1959, ф. 281). 217
Калачы Авлабары типографийы 1905 азы мыхуыргонд æрцыдысты Ленины куыстытæ: «Æртыккаг съезд», «Революцион пролетариаты демократон хæстæ», «Хъæуты мæгуыр цæрджытæм», «РСДРП-йы III съезды резолюци Кавказы цауты фæдыл» æмæ æндæртæ. Ленин стыр æххуыс кодта Кавказы болыыевиктæн меньшевикты ныхмæ тохы. Терчы зылды Грознайы большевиктæ съезды фæстæ бынтондæр ацыдысты РСДРП-йы Терчы-Дагъистаны комитетæй, меньшевиктæ дзы фылдæр кæй уыдысты, уый тыххæй, æмæ сæ куыст сбастой Бакуйы большевикты организациимæ æмæ Кавказы Цæдисимæ. Партийы III съезды уынаффæтæ стыр æххуыс фесты Кавказы большевиктæн революцион змæлды дзыллæтæн разамынд дæттыны хъуыддаджы, æмæ 1905 азы уалдзæгæй фæстæмæ Кавказы кусджыты æмæ зæхкусджыты тох стынгдæр. В. И. Ленин йæ цæст дардта Кавказы фæллойгæнæг адæмы тохмæ æмæ-иу, æппæтУæрæсейы цы стыр революцион тох цыди æмæ уыцы тох дарддæр куыд цæудзæн, уыдæттыл дзургæйæ, æрхаста Кавказы тохы фæлтæрддзинад. «Адæм байдыдтой пад- дзахы æфсæдтæн хæцæнгæрзтæй ныхкъуырд дæттын, - фыста Ленин 1905 азы июлы, - уынгты райдыдтой адæмы æцæг хæ- стытæ æфсæдты ныхмæ, баррикадæты хæстытæ. Кавказ, Лодз, Одессæ, Либава фæстаг рæстæджы равдыстой пролетариаты хъ- æбатырдзинад æмæ адæмы сæрыл тохы хуыздæр миниуджытæ. Тох-иу ивта æд гæрзтæ сыстадмæ» (В. И. Лении, Уацмыстæ, т. 8, ф. 525). 1905 азы фæззæджы Мæскуыйы æмæ Петербурджы пролетариаты домбай революцион тохы фæстæ октябры æппæтуæрæсеон политикон стачкæ куы райдыдта, уæд Ленин фыста: «Польшæ æмæ Кавказ равдыстой, пролетариат ранæй- рæтты æдгæрзтæ тох кæм райдыдта æмæ хæст дæргъвæтин кæм сси, уым куыд уыди, ахæм стыр хæстхъомдзинад» (В. И. Ленин, Уацмыстæ, т. 9, ф. 323). Фыццаг уырыссаг револцийы азты Ленин адæмы револю- цион сфæлдыстад: кусджыты депутатты сæвзæрд, хæстон дру- 218
жинæты архайд, хъæуты æвзаргæ оргæнты банымадта ног ре- волюцион хицаудзинады æвзартыл. Æмæ пролетариаты тохы уыцы формæтæ ахуыр кæнгæйæ, Ленин Петербург, Мæскуы æмæ бæстæйы иннæ центртимæ иумæ æвæрдта Кавказы кусджыты æмæ зæхкусджыты фæлтæрддзинад. Уыцы хъуыддагæн ис стыр наукон ахадындзинад Кавказы, Терчы зылды, Ирыстоны 1905- 1907 азты революцийы истори ахуыр кæнгæйæ. Æргом революцион тох чи кæны, уыцы бынæттон адæмтæ, æнауæрдонæй зæронд хицаудзинады ныхмæ чи хæцыд (фыццаджьщæрæрмæстдæрпролетариатæмæлыстæгбуржуазийы раззагдæртæ), уыдон аразын байдыдтой ахæм организацитæ, æмæ уыдон уыдысты ног революцион хицаудзинады æвзартæ - кусджыты депутатты Советтæ Петербурджы, Мæскуыйы æмæ æндæр горæтты... хъæуты æвзаргæ оргæнтæ Кавказы æмæ Прибалтикæйы»(В.И. Ленин,Уацмыстæ,т. 10, ф. 134-135). Ахæм хъæуты æвзаргæ оргæнтæ, Ленин ногреволюцион хицаудзинады æвзартæ кæй хоны, уыдон 1905 азы сæрды сæвзæрди Кавказы бирæ рæтты æмæ Ирыстоны хъæуты дæр: Салыгæрдæны, Чырыстонхъæуы, Багтæхъойыхъæуы, Куырттаты комы æмæ ноджы æндæр рæтты. Уыцы хъæуты адæм фæсырдтой паддзахы æвæрд хъæуыхицæутты æмæ сын сæ бынаты сæвæрдтой адæмы æвзæрст лæгты, æмæ афтæмæй кодтой хъæуы хъуыдцæгтæ. Кусджыты депутатты Советты иуæй-иу функцитæ æххæст кодтой Терчы зылды хæстон дружинæтæ, 1905 азы декабры Минводы æфсæнвæндаджы кусджытæй æмæ Цæгат Кавказы хæххон адæмы фæсивæдæй (Елхотæй, Заманхъулæй, Æрыдонæй æмæ æндæр хъæуты, стæй Кæсæджы зæхкусджытæй) арæзт чи æрцыд, уыдон. Уыцы хæстон дружинæтæ Минводы забастовкæйы комитеты разамындæй сарæзтой къорд революцион акты. Владикавказы æфсæнвæндагыл байстой вагзалты æхцатæ (Дзæуджыхъæуы, Беслæны æмæ иннæ станцæты), вагзалты хъахъхъæнджыты гæрзтæ. Æхца хардз кодтой забастовкæйæн: арæзтой бомбæтæ, кодтой адæмæн хæринаджы хъуыддаг; сæ къухмæ райстой æфсæнвæндаджы æмæ телеграфы куыст. 219
1905 аз декабры Терчы зылды уырыссаг пролетариат хæххон адæмимæ иумæ кæй тох кодтой, уымæн ис стыр ахадындзинад, уым рæзыд, æхсысти уырысы пролетариаты æмæ хæххон адæмты революцион тохы фронт. 1905-1907 азты революцийы фæстæ, реакцийы азты æмæ ног революцийы базмæлды заман Ленин дардцæр дæр æнувыдæй кæсы Кавказы партион организациты куыстмæ, цы уавæры сты, меньшевиктимæ куыд тох кæнынц, уымæ, æххуыс сын кæны, цæмæй Кавказы большевиктæ сæхи цæттæ кæной революцийы ног карз тохтæм, сæхи тынгæй-тынгдæр бæттой партийы ЦК-имæ. Кавказы болыневиктæ æххæст кæнынц Ленины амынддзинæдтæ, хъусын ын кæнынц сæ куысты тыххæй æмæ йæ фæрсынц сæ тохы иу кæнæ иннæ хæс баххæст кæныны хуыздæр амæлттæй. 1909 азы Кавказы болыыевиктæ Ленинæн фæсарæнмæ арвыстой Калачы комитеты отчет æмæ Калачы горæты партион конференцийы, И. В. Сталины разамындæй арæзт чи æрцыд, уый резолюци. Уыцы конференци та йæ куыст кодта, фæндзæм (æппæтуæрæсеон) конферениийы æмæ газет «Пролетарий»-ы редакцийы æмбырды Ленины амындæй цы уынаффагтæ рахастой, уыдонмæ гæсгæ. 1908-1909 азты Ленинмæ тынг арæх фыста Кавказæй Серго Орджоникидзе, стæй йæм 1910 азы ацыд Парижмæ æмæ йын бæлвырдæй радзырдта Кавказы болыиевикты хабæрттæ, сæ куыст, сæ уавæр. Уый фæстæ, Ленины амындмæ гæсгæ, большевикты центрон оргæнтæ фæтыхджындæр кодтой сæ бастдзинад Фæскавказы организацитимæ. Ленин хорз аргъ скодта, Калачы æмæ Бакуйы организацитæ Прагæйы конференци æрæмбырд кæныны фæдыл цы куыст бакодтой, уымæн, уыимæ сæргом кодта гуырдзиаг ликвидаторты митæ. Прагæйы конференцийы фæстæ Кавказы болыневикты организацитæн баххуыс кæнынмæ, уыдон раст фæндагыл саразыны тыххæй Бакумæ æмæ Калакмæ æрвыст æрцыдысты И. ’ Сталин - ЦК-йы Уырыссаг бюройы сæргълæууæг, стæй Серго Орджоникидзе æмæ С. Спандарян. Кавказы партион организацитæ æппæт партиимæ иумæ хорзыл банымадтой 220
Прагæйы конференцийы уынаффæтæ æмæ хъæдцыхæй куыстой уыцы уынаффæтæ сæххæст кæныныл. Ног революцион змæлды заман æмæ фыццаг дунеон хæсты агьоммæ бæстæйы реакцион тыхтæ, царизмы æмæ капитализмы ныхмг æппæт кусджыты иумæйаг тох халыныл чи архайдта, уыдон куыстой адæмты кæрæдзиуыл сардауыныл, революцион тох национализмы уылæнты бын фæкæныныл. Ахæм æууæлты Уæрæсейы стыр бынат æрцахста национ фарста. Æмæ раст гъе уыцы рæстæг Ленин фыссы къорд программон куысты национ фарстайы фæдыл: «Критикон фиппаинæгтæ национ фарстайы фæдыл». «Нацийы хиуагæвæрды бары тыххæй», «Социалистон революци æмæ нацийы хиуагæвæрды бар» æмæ æнд. Уыцы куыстыты Ленин стыр курдиатджынæй теоретикон æгъдауæй равзæрста партийы программæ æмæ политикæ национ фарстайы фæдыл, тынг карзæй критикæ скодта национ-колониалон фарстайы мидæг антимарксистон цæстæнгастæ. 1913 азы августы В. И. Ленин фыста æмбал С. Шаумянмæ: «Цыфæндыйæ дæр рарвит фылдæр æрмæг Кавказы национ фарстайы фæдыл (дæхæдæг куы ныффыссис бæргæ, фæлæ кæд нæ фыссыс, уæд), стæй Костровы статья æмæ йæ чингуытæ, делегæтты докладтæ уырыссаг æвзагмæ ивдæй (мæ зæрдæ дарын, уый кæй бар бакæнай, ахæм кæй ссардзынæ), Кавказы нациты статистикæ æмæ Кавказы, Персы, Турчы æмæ Уæрæсейы нациты кæрæдзимæ ахастыты тыххæй æрмæг, иудзырдæй, цыдæриддæр ис æмæ дæ бон рарвитын бауа, уый рарвит. Стæй дæ рох ма уæд кавказаг æмбæлттæ агурын, Кавказы национ фарстайы фæдыл статьятæ чи фысса, ахæмтæ. Дæхи Ильич» (В. И. Ленин, Уацмыстæ, т. 35, ф. 76). Ленин тынг стыр аргъ скодта И. Сталины куыст «Марксизм æмæ национ фарста»-йæн, национ фарстайы марксистон-лени- нон теори бахъахъхъæныны æмæ йæ дардцæр рæзын кæныны хуыдцаджы стыр пайда чи æрхаста, уыцы номдзыд чиныгæн. Кавказы болыневикон организациты кæддæриддæр уыди хорз пролетарон интернационалон традицитæ, æмæ Ленин уыдонæн кодта стыр аргъ: 1913 азы февралы Горькиймæ йæ 221
писмойы фыста: «Махмæ æмæ Кавказы с.-д. гуырдзиæгтæ + сомихæгтæ + тæтæйрæгтæ + уырыссæгтæ куыстой иумæ, иу с.-д. организацийы дæс азæй фылдæр. Уый ныхас нæу, фæлæ у национ фарста пролетарон уагыл алыг кæнын (В. И. Ленин, Уацмыстæ, т. 35, ф. 58). «Махæн куысты хуыздæр æвдисæг хъуамæ уа Кавказы социал-демократи, - ноджы фыста Ленин йе статья «Ныртæккæйы Уæрæсе æмæ кусджыты змæлд», зæгъгæ, уым 1913 азы апрелы, - гуырдзиаг, сомихаг, тæтæйраг æмæ уырыссаг æвзæгтыл пропагандæ чи кодта, уый» (В. И. Ленин, Уацмыстæ, т. 19, ф. 31). 1914 азы Ленин Парижы ныффыста «Нациты æмсæрдзинады æмæ чысыл нациты бартæ хъахъхъæныны закъоны проект» æмæ уым бынтон дæрæнгонд æрцыдысты, «культурон- национ автономийыл» чи дзырдта, уыдон. Уыцы «Проект» Ленины амындмæ гæсгæ æрвыст æрцыд Кавказмæ. Кавказы большевиктæм уыди национ фарстайы фæдыл Ленины арæзт программæ, æмæ арæхстджынæй тох кодтой Кавказы буржуазон националистты, муссаватистты, дашнакты, меныневикты, эсерты ныхмæ. Уыцы тохæн уыдис стыр ахадындзинад Кавказы фæллой- гæнæг адæмы интернационалон æгъдауæй хъомыл кæныны хъуыддаджы æмæ социалистон революцийыл тохы, стæй ам Со- ветон хицаудзинад куы ралæууыд, уæд ног, социалистон цæр- дарæзты стыр æнтыстдзинæдтæ равдисыны хъуыддаджы. * * * Куыд уынæм, афтæмæй Кавказы революцион змæлд æмæ кавказаг большевикты куыст Октябры социалистон революцийы агъоммæ дæр хæстæг баст уыдысты цытджын Ленины стыр æмæ курдиатджын революцион куыстимæ. Æмæ ныртæккæ Кавказы адæмтæ нæ бæстæйы æфсымæрон адæмтимæ иумæ фидарæй цæуынц Ленины амынд фæндагыл. Кавказаг æфсымæрон социалистон республикæтæн сæ 40 азы боймæ сæ къухы бафтьщ стыр æнтыстдзинæдтæ сæ политикон, экономикон æмæ культурон царды, бæстæйы адæмтимæ иумæ аразынц коммунизм. 222
Полуян А. КУСГÆ ЧИ НÆ КÆНЫ, УЫМÆН ЙÆ ЦАРД РÆСУГЪД НИКУЫ УЫДЗÆН Советон Цæдисы Коммунистон партийы Центрон Комитет «Партион пропагандæ ныртæккæйы уавæрты», зæгъгæ, йæ уынаффæйы амоны, хъомыладон куысты ахсджиагдæр фаарæзтæй иу кæй у фæллой кæнын, социализмы принцип «кусгæ чи нæ кæны, уый хæргæ дæр нæ кæны», æмæ хъуамæ уыцы принцип царды æххæстгонд цæуа фидарæй. Æмæ кæд нæ адæм æмхуызонæй дæр тох кæнынц нæ бæстæйы коммунизм саразыны стыр программæ царды равдисыныл, сæ фæллойы хай хæссынц уыцы цытджын хъуыддагмæ, уæддæр ма нæм ахæм адæймæгтæ ис æмæ куюгæ чи нæ кæны, куыстæй алы æфсæнттæй йæхн чи ласы. Уыдон архайынц искæй фæллойæ цæрыныл. Паддзахадæн дæгггæ ницы кæнынц, се ’ххуысы хай дзы нæй, афтæмæй æрхайынц уымæй фылдæр ратоныныл. Адæймаг кусгæ куынæ кæна, уæд фæстатмæ йæ хъуыддаг хорзмæ нæ цæуы: æрлæууы рæдыд фæндагыл, сайын, давын, спекуляци кæнын райдайы, фæцахуыр вæййы алыхуызон æвзæр митыл. Уырыссаг стыр фыссæгЧехов фыста, зæгъгæ, бæрæгбоны цард чи кæны, уыдон зæрдæтæ сыгъдæг никуы вæййынц. Æмæ у ый раст у. Цæлуарзгæйæ магуса чи сахуыр уа, уый хæлгæ кæны. Зæгъæм мæнæ Иринæ Зубцовайæ. Уый цыппар хатты уыдис ахæстоны, фæстаг хатт ахæстонæй куы суæгъд, уæд ссыдис Орджоникидзейы горæтмæ. Афтæ æнхъæлæн уыди, уæдæ ныр уæддæр истæуыл ахъуыды кæндзæн. Фæлæ Зубцовамæ ницы бахъардта, мæ цæнгтæ батулон æмæ мæхи фæллойæ цæрон нæ загъта, фæлæ та, æнæниз адæймаг уæвгæйæ, æгад митæ кæнын райдыдта — йæ сæрмæ æрхаста мæгуыргур зилын. Æмæ-иу цы æхцатæ æрæмбырд кодта, уыдон-иу банызта. Хорз æм фæкаст уый. «Фæлмæнзæрдæ адæймæгтæ бирæ ис, дæтдзысты мын сæ капеччытæй æмæ мæхицæн æнцой цард кæндзынæн» - хъуыды кодта йæхинымæры Зубцова. Æмæ раст куы зæгъæм, уæд искæйы фæллойæ æвзæр нæ царди. Фæлæ фæстагмæ уæддæр 223
милицæйы къухтæм бахауд. Паспортон режим кæй хæлдта, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд иу аз. Æрыдойнаг Аннæ Бурлацкая та мæгуыргур нæ зылди, капеччытæ нæ куырдта, фæлæ архайдта æндæр хуызы. Æрыдонæй-иу Орджоникидзейы горæтмæ ссыдис æмæ-иу къамтæй фарста, цæстфæлдахæджы митæ кодта. Иуахæмы та бацыдис Хетæгкаты Къостайы номыл кулыурæйы æмæ фæлладуадзæн паркмæ. Кæсы æмæ иу ран бандоныл сæ фæллад уадзгæ ауыдта лыууæ æрыгон сылгоймаджы. Уыдон цæуылдæр зæрдиагæй ныхас кодтой. Бурлацкая ахъуыды кодта: «Адон дзæгъæл хуымæтæджы нæ ныхас кæнынц афтæ зæрдиагæй. Базонын сын хъæуы сæ зæрдæйы хатт, стæй уæд мæ къухы сты. Аууæтты-аууæтты хæстæг бацыд, дыууæ сылгоймаджы кæм ныхас кодтой, уырдæм. Сæ ныхасмæ сын бирæ фæхъуыста. Сылгоймæгтæй иуæн йæ моимæ йæ цард нæ цыдис. Хъаст кодта, зæгъгæ йæ йæ лæг йæ сывæллæттимæ ныууагъта. Бурлацкая уыцы хабæрттæ куы базыдта, уæд дæрдты азылд æмæ сæм æргомæй бараст, цыма æппындæр ницы зыдта, афтæ. Йæ мой кæй ныууагъта, уыцы сылгоймагмæ дзуры: -Мæ хуры хай, цæй æмæ дын къамæй афæрсон, дæ цæстæнгас мæм æгæр зæрдæхæлды хуызæн кæсы, дæ лæг дæ ныууагъта... - Цæмæй йæ зоныс? - бадис кодта уый. - Цæмæй? Уæдæ ма къамæйфæрсæг цæмæн дæн. Гъы, афæрсон дын? Æмæ дын Бурлацкая къамтæ цæгъдыныл фæци. Зæрдæрыст сылгоймаджы цæстытæм кæсы æмæ дзуры: - Стыр маст дын скодта, мæ хуры хай, дæ лæг. Мæнæ ацы къаммæ кæсыс, дæ зæрдæ рыст кæй у, уый мын равдыста. Дæ размæ ис дыууæ фæндаджы. Иу фæндаг дзы тынг дæрзæг у, йæ фæйнæ фæрсты ис æдзæстуарзон адæм. Дæ фæндагыл дын цæлхдуртæ æрæвæрдзысты уыдон. Æвзæр фæндаг у уый. Ууыл куы ацæуай, уæд дæ моимæ дæ цард нал сиу уыдзæн. - Æцæг зæгъыс? — тарстхуызæй афарста сылгоймаг. - Тыхсгæ ма кæн, ис ма æндæр фæндаг дæр. Гъе, фæлæ уыцы фæндагыл куыд цæуын хъæуы, уый дзæбæх нæма хатын. Иугæр 224
æм куы бахауай, ууыл куы ацæуай, уæд æнæмæнг бафтдзынæ дæ сывæллæтты фыдмæ æмæ та фæстæмæ дзæбæхæй цæрдзыстут. - Æмæ уыцы фæндагмæ куыдæй бафтон? - Уый æнцон хъуыдцаг нæу, ам дæр къамæй фæрсын хъæуы, фæлæ æндæр хуызы. Кæд дæ фæнды, уæд дын бафæрсдзынæн. Æрмæст дæ зæрдыл бадар, къамæй бафæрсыны тыххæй дæ цытæ хъæуы, уыдон. Æрбахæсс-иу дыууæ сапоны къæртты, дæ лæджы майкæ, иу айк, сау æндахы къæбæл æмæ фондз туманы æхца. Кæй дын загътон, уыдон боны æртæ сахатмæ ам куы уой, уæд къамæй бафæрсдзынæн. Сылгоймаг Бурлацкаяйæн къамæй фæрсæггаг радта фондз сомы, фæлæ паркмæ не ’рбацыд. Цалдæр боны фæстæ йыл Бурлацкая æнæнхъæлæджы сæмбæлд Сталины проспекты æмæ йæм дзуры: - Цæуылнæ æрбацыдтæ, мæ хур, цæмæн мæ асайдтай? Исчи ма къамæй фæрсæджы сайы? Хъусыс, кæй дын загътон, уыцы хъуыддаг куынæ сæххæст кæнай, æз дын къамæй куынæ бафæрсон, уæд та дыл ног бæллæхтæ æрцæудзæн. Бурлацкая йæхи куыдцæр фæкодта æмæ уæртæ фæцæуы. - Фæлæуу, ма-ма ацу, - тарст хъæлæсæй йæм сдзырдта зæрдæрыст сылгоймаг. - Цыдæриддæр загътай, уыдон дын æрбахæсдзынæн. Æмæ йын æцæгдæр æрбахаста дыууæ сапоны къæртты, йæ мойы майкæ, сау æндахы къæбæл æмæ иу айк. - Æмæ уæд фондз туманы та кæм сты, цæуылнæ сæ æрбахастай? — карзхуызæй йæ афарста Бурлацкая. - Æхца никуы ссардтон. Æнæ æхца мын исты хуызы бафæрс. Сывæллæттæ даринаг мын ис. - Гъей, мæ хуры хай, æхца ма схардз кæн, афтæмæй дæ лæджимæ куы бацæрис, уый дæ фæнды? Цæй ницы кæны, мæнæ дын куы фæрсон, уæд къамтæ сæхæдæг зæгъдзысты, цы кæнын хъæуы, уый. Бурлацкая къамтæ ракал-бакал кодта, æлхынцъ æрфыгæй сæм-иу бирæ фæкасти, йæ къæхтыбынæй-иу ныуулæфыд, æмæ цыма æцæг истæуыл тынг хъуыды кодта, уыйау йæхи дардта. Фæстагмæ загъта: 15 225
- Гъей, рæсугъд, дзаумæттæ нал хъæуы, стæй фондз туманы нал, фæлæ æрбахæсдзынæ дæс æмæ ссæдз туманы. Уый бæрц куынæ æрбахæссай, уæд дæ хъуыдцаг хорз нæ уыдзæн. Мæнæ ацы къам куыд амоны, афтæмæй æнæ дæс æмæ ссæдз туманы дæ лæгимæ нæ баиу уыдзынæ. Зæрдæрыст сылгоймаг йæхимидæг батыхст. Хъуыды кодта, уæдæ æцæг уыцы æхца къамæй фæрсæгæн куынæ радтон, уæд мæ цард бынтондæр куы фехæла, зæгъгæ. Фæлæ æхца кæмæй райса? Ус бацыдис йæ зонгæ сылгоймаг Гæбуйонмæ. Йæ зæрды уыд уымæй дæс æмæ ссæдз туманы райсын. Гæбуйон хъуыддаг куы бамбæрста, уæд ын бауайдзæфтæ кодта: - Ау, уый та куыд, ахæм цæстфæлдахджытыл дæр æууæндыс? Сайгæ дæ кæй кæны, уый не’мбарыс? - Афтæ ма дзур, уый æмбисонды къамæйфæрсæгу. Сайгæ нæ кæны. Фыццаг хатт мæ куы федта, уæд мын уайтагъд базыдта мæ хабæрттæ. Кæсын, дам, дæм, æмæ, дам, дæ зæрдæ тынг рыст у. Дæ лæгимæ ахицæн дæ æмæ дын зын у. - Уаих æрбауай, æмæ къамæйфæрсджыты афтæ æдылы хоныс? Æвæццæгæн дын искуы сусæгæй дæ ныхасмæ байхъуыста... - Ды раст дæ. Байхъуыстаид мæм. Къамæйфæрсæг мæм куы ’рбацыд, уый хæдразмæ парчы ме ’мбæлттæй иуæн мæ царды хабæрттæ ракадтон. - Нæ дын загътон! Кæм дæм æнхъæлмæ кæсдзæн, кæдæм ын хъуамæ ахæссай æхца? Йе’мбалæн, загъта, кæм хъуамæ сæмбæлой, уый. - Цом æмæ уыцы хабар милицæйæн фехъусын кæнæм. Уыцы бон Бурлацкаяйы æрцахстой. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы цæстфæлдахæг кусгæ никуы кодта, фæлæ бирæ рæстæджы дæргъы сайдта адæмы. Уый тыххæй Бурлацкаяйæн тæрхонгонд æрцыдис. Сæ цæстфæлдахæн митытыххæй матæрхондонмæ бахаудтой Ханайты Хъазыбег æмæ уымæн йе’мбæлттæ - Чъерджиаты Маирбег, Токаты Таймураз æмæ æндæртæ. Ханайты Хъазыбегыл цæуы 27 азы. Уый кусгæ никуы кодта. Иу ахæм Ханайы-фырт йе ’мбæлттæн загъта: 226
- Цæй æмæ нæхицæн æнцон куыст ссарæм. Хъусут, æнцон, фæлæ æхца бирæ кæцæй хауа, ахæм куыст. - Æмæ ахæм куыст та кæм ис? - бафарстой йæ йе’мбæлттæ. - Æз уын ссардзынæн ахæм куыст. Дипломтæ æмæ æвдисæндартæ кæндзыстæм. - Цавæр дипломтæ æмæ æвдисæндартæ? - Автомашинæйыл кусыны бар цæмæй уа адæймагæн, ахæм дипломтæ æмæ æвдисæндартæ. - Уьщон тыххæй адæймаг ахæстоны смидæг уыдзæн. - Æдылытæ, исты дзы вæййы. Фæлæ махæн тæссаг ницæмæй у. Бланкæтæ æмæ шрифттæ æз самал кодтон. Гæххæттытæ цæттæ кæндзынæн мæхæдæг. Дæтдзынæн сæ сымахмæ, æмæ сæ сымах та уæй кæнут. Разы стут мемæ кусыныл? Сразы сты. Куыд баныхас кодтой, афтæ бавнæлдтой куыстмæ. Хъазыбег сæ цæттæ кадта, иннæтæ та уæй. Уъщы цæстфæлдахджытæй иу бахаудта милицæмæ. Фæлæ уæддæр Ханайы-фырт йæ куыст дарддæр кодта æмæ та ссардта, æмдзæхтон кæимæ уыдаид, ахæм. Уый уыд педагогон институты студент Чъерджиаты М. Уыцы дыууæ адæймаджы сæхицæн ссардтой кусæн бынат - хъæууонхæдзарадон институты æмдзæрæны 70-æм уат. Мæнгæвдисæндарты уæй кæнын райдыдта Токаты Таймураз. Татраты М.-йæн ауæй кодта 60 туманыл иу æвдисæндар. Кæд æмæ ацы цæстфæлдахджытæ сæ фæд æмбæрзыныл архайдтой, уæддæр бахаудтой. Сæ «типографийы» разынд шрифтытæ, бланкæтæ, мыхуыртæ æмæ æнд. Кусын чи нæ уарзы, уыдонæн сæ хъуыддаг фæстаджырдæм давынмæ цæуы. Афтæ, æртæ æрыгон сылгоймаджы бирæ рæстæджыты дæргъы кусгæ никуы кодтой æмæ галиу фæндагыл æрлæууыдысты. Дыууæйæ - Мамыхъаты Верæ æмæ Аксенова Валентинæ каст фесты астæуккаг скъола. Æртыккаг, Чепурнова Лидия та фæцис авдазон скъола. Афтæ зæгъæн нæй, æмæ ацы чызджытæ советон закъонтæ нæ зыдтой, куырмæджы кодтой сæ цæстфæлдахæн митæ. Аксенова Валентинæ йе ’мбæлттæй кæстæр у, фæлæ тымыгъты фылдæр ауади. Цалдæр азы ахæстоны дæр фæбадт æмæ иннæ дыууæ чызджы цæсты кадджындæр уыд. 227
Сæ хъуыдцæгтæ-иу райдыдтой æхсæвыгон. - Абон та исты номыр раппардзыстæм, - загътаид-иу йе ’мбæлттæн сæрыстырæй Аксенова, - æртæ лæппуйы нæ ссарын хъæуы æнæмæнг. Изæрдалынгты иу рацыдысты цуаны. Иуахæмы сыл амбæлдис Сулаберидзе Вахтанп Æмбалæн сын сбæззыди. Вахтанг дæр уый размæ фæбадт асхæстоны, ныртæккæ дæр никуы кусы, кæд йæ тæккæ тыхы ис, дæс æмæ йыл ссæдз азы цæуы, уæддæр. — Вахтанг, дзæбæх къæвæлертæ ма нын ссар, - бадзырдта йæм чызджытæй иу. Вахтанг аразил-базил кодта проспекты æмæ дыууæ лæппуйы ссардта, æхцаджынтæ. Æнæхца къæвæлертæй цы кæнынц, уæд сæ рæстæг хъæлдзæгæй нæ арвитдзысты... Фæлæ алы хатт сæ къухы кæм æфтыди æхцаджынтæ, æмæ-иу уæд та кадтой давгæ. Иуахæмы уыцы чызджытæ бацыдысты Тбилисийы уынджы 60-æм хæдзармæ æмæ фæкъахтой Алексеевы хæдзар. Ацы чызджытæ æдзухдæр кадтой давыны куыст, раив-баив кодтой сæ къæвæлерты. Иу дзырдæй, сæ зæрдæйы дзæбæхæн цардысты. Сæ сыхæгтæ сыл худтысты, фæлæ сæм ницы хъардта. Арæзтадты рæзты-иу куы рацæйцыдысты æмæ-иу сæхи ’мгар чызджыты кусгæ куы федтой, уæд-иу сæ былтæ нысчъилтæ кодтой æмæ сыл худтысты, ома махæн афтæмæй дæр æвзæр цард нæй. Иуахæмы та хъуыдытæ кодтой, нæ рæстæг кæм арвитæм, зæгъгæ. Уæд сæ иу загъта, Ростовы уынджы 12-æм хæдзары цæры хæларзæрдæ адæймаг Хъуылымбегты Мария, кусы «Росглаввторчермет»-ы. Уый нæ бауадздзæн йæ хæдзармæ æмæ нæ рæстæг дзæбæх арвитдзыстæм... Ацы хъуыддаджы дæр Сулаберидзе Вахтанг йæхи равдыста активонæй. Ссардта та сын къæвæлертæ æмæ бацыдысты Марияйы хæдзармæ. Стъолыл фæзындис алыхуызон хæринæгтæ, арахъхъ. Дзæбæх куы абадтысты, уæд Аксенова Валентинæ хæдзары хицауы агуывзæйы хуыссæджы хос ныккодта. Мария бафынæй. Чызджытæ сæ къæвæлерты арвыстой æмæ уый фæстæ бавнæлдтой сæ куыстмæ: Марияйæ адавтой дыууæ палтойы, æртæ къабайы æмæ æндæр дзаумæттæ. Дзаумæттæ ахастой 228
Сулаберидзейы хæдзармæ æмæ сæ уым байуæрстой. Вахтанг дæр дзы æнæхай нæ баззад. Уымæ æрхаудта сылгоймаджы къаба, дыууæ базыцъары, простыня, хисæрфæн æмæ занавестæ. Иннæ дзаумæтты къæрных сылгоймæгтæ аластой Тбилисимæ æмæ сæ уым ауæй кодтой. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста. Милицæмæ бахаудтой æмæ тæрхондоны раз æрлæууыдысты. Галкин Владимир ахæстоны фæбадт, давгæ кæй кодта, уый тыххæй. Ахæстонæй куы раздæхт, уæд ницæуыл ахъуыды кодта, кæд ма æрыгон у, уæддæр. Нæ бацыд куыстмæ, фæлæ йæ зæрды уыд, фыццаг куыд цард, ныр дæр афтæ нæрын. Иуахæмы бахъуызыд Б. Уваркины агъуыстмæ æмæ дзы адавта дыууадæс мины аргь алыхуызон дзаумæттæ. Галкин Владимир та фæстæмæ тæрхондоны раз æрлæууыд. Денисов Анатолийыл цæуы æрмæстдæр 19 азы. Уый у æнæниз, гуыппырсар, фæлæ кусын йæ зæрдыкæрон дæр нæй. - Къамбец, миййаг, нæ дæн, - мидбылхудгæйæ фæзæгъы уый. Кæй фæнды, уый фыдæбон кæнæд, мæн куысты сæр ницæмæн къæуы. Æмæ йæхицæн равзæрста «професси». Денисовы арæх фенæн уыдис фыццæгæм æмæ дыккæгæм абанаты. Ома сыгъдæгдзинады тыххæй нæ, уый сыгъдæгдзинад æмбаргæ дæр нæ кæны. Йæ зæрдæ куыд чъизи у, афтæ чъизи у æгасæй дæр. Абанамæ бацæугæйæ-иу у ый хъахъхъæдта арæзт æмæ æхцаджын адæмы æмæ сын сæ дзаумæттæ давта. Ахæстонæй куы рацыд, уæддæр йæ кæнон нæ ныууагъта Иуахæмы та бацыд 1-æм абанамæ. Бирæ фæракæс-бакæс кодта æмæ йæ цæст æрхæцыди Мæрзойы-фырты зынаргъ фæззыгон палтойыл. Йæ къухтæ та йæм нæ фæлæууыдысты æмæ фæстæмæ Денисов Анатолий æрлæууыд тæрхондоны раз. Херкеладзе Валико райгуырдис 1936 азы. Ахæстоны фæбадтис, йæхи æвзæр кæй дардта, уый тыххæй. Куы суæгъд, уæд кусыныл не ’рлæууыд, фæлæ та йæ ахуыр фæндагыл ацыд. Иуахæмы йæ æхца бахъуыд. Æмæ адæймаг кусгæ куынæ кæна, уæд æхца хъуамæ кæцæй райса? Херкеладзе сфæнд кодта «йæ амонд бавзарын». Орджоникидзейы 229
главпочтамтмæ бацыд. Кæсы æмæ иу сылгоймаг йæ хызын бандоныл æрæвæрдта, йæхæдæт писмо фыссыныл фæцис. Херкеладзе хызын аивæй фелвæста æмæ почтæйæ рацыди. Горисполкомы кæрты йæ асгæрста æмæ дзы разындис къуымбил жакет, туфлитæ, сывæллоны костюм æмæ 225 сомы æхца. Херкеладзе йæхи бæргæ хъавыд бафæсфæд кæнынмæ, фæлæ ахæстоны бамидæг. Беслæны горæтаг Гæбуты Валентинæйыл 24 азы йеддæмæ нæма цæуы. Исчи йын-иу куы загъта, исты куысты цæуылнæ ныллæууыс, зæгъгæ, уæд ыл-иу йæ къух ауыгъта. - Цæмæн хъуамæ кусон? Афтæ æдылы нæ дæн æмæ цæмæй цæрон, уый ма самал кæнон. Æмæ цымæ куыдæй амал кæны йæхи дарынæн фæллой? Уый кæны спекуляци. Балхæны исты дзаума æмæ йæ зынаргъдæрыл ауæй кæны. Иуахæмы магазины балхæдта плюш стъолæмбæрзæн 525 сомæй. Уырдыгæй ацыд базармæ æмæ йæ уæй кодта 950 сомыл. Карцайы хъæуккаг Циклаури Тамарæ у æнæниз сылгоймаг, æрыгон, афтæмæй колхозы куыстæй дард лидзы, йæхи фæллойæ цæра, уый йæ нæ фæнды, фæлæ ботæтæй спекуляци кодта. Клетный Виктор та йæ усимæ базары асламæй æлхæдта картоф æмæ йæ килограммæй дыууæ хатты зынаргьдæрыл уæй кодта. Уыдон иууылдæр милицæмæ бахаудтой. Кæд хъыгаг у, уæддæр иуæй-иу хатт рæдыд фæндагыл æрлæууынц æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæ. Уый та арæх рауайы уымæн, æмæ сæм хæдзарæй фаг цæстдард нæ вæййы. Иуæй-иу ныййарджытæ сæ сывæллæтты раст нæ фæхъомыл кæнынц. Афтæ, 17-аздзыд Фидараты Вениамин ахуыр дæр никуы кодта æмæ кусгæ дæр. Йæ фыд у пенсионер. Уый-иу загъта: - Уадз æмæ афтæ ацæра, сыдæй нæ амæлдзыстæм. Фыд не ’мбæрста, уыцы ныхас сывæллоны цæмæ æркæндзæн, уый. Лæппу-иу æппынæдзухдæр уыдис æдцæ, базонгæ цавæрдæр æмбæлттимæ. Иуахæмы кинотеатр «Дружбæ»-йы цур кæимæдæр фæхыл, æмæ йæ æрцахстой. Лæппуйæн хъуамæ стæрхон кодтаиккой, фæлæ фыд бирæ фæлгъæстæ кодта. 230
Фыды ныхæстыл баууæндыдысты æмæ лæппуйы рауагътой. фæлæ уæд бынтондæр рæдыд фæндагыл æрлæууыд. Æрæмбырд кодта давджыты къорд, æрбакодта йæм, машинæ кæмæ уыд, ахæм адæймаг, ссардта гæрзтæ дæр. Фидараты Виниамин сæ сæргъы, афтæмæй уыцы давджыты къорд горæты дæс хаттæй фылдæр бастыгътой адæмы. Фидараты лæппу йæхæдæг дæр æмæ йæ къорды уæнгтæ дæр æрлæууыдысты тæрхондоны раз. Рахастой сын аккаг тæрхон. Нæ республикæйы фæллойгæнджытæ æппæт советон адæмимæ зæрдиагæй ку сынц авдазоны пълан æмгъуыдæй раздæр сæххæст кæныныл. Сæхи кæмдæрдиддæр — промышленносты дæр æмæ хъæууон хæдзарады дæр æвдисынц æхсарджынæй, сæ пълантæ æххæст кæнынц уæлдайджынтæй. Æмæ хъыгаг ку ыд нæ у, ахæм рæстæджы ма нæм галиузондыл хæст, æвзæр, æгад митæ кæнæг адæймæгтæ кæй фæзыны, уый. Фæллой у кады хъуыддаг. Æмæ хъуамæ алчи дæр тырна фæллой кæнынмæ, архайа йæхи фæллойæ цæрыныл, цас йæ бон уа, уымæй тырна, нæ цытджын Райгуырæн бæстæ цæмæй тыхджындæр æмæ домбайдæр кæна, уымæ. Мах бæстæйы бынат нæй магусатæн, лæвархортæн, кусгæ чи нæ кæны, уый хæргæ дæр хъуамæ ма кæна. —<©$€з>~ 231
Цогойты А. УÆРÆСЕЙЫ СОЦИАЛОН-ЭКОНОМИКОН РÆЗТЫ ХИЦÆНДЗИНÆДТÆ ФÆСРЕФОРМÆЙЫ РÆСТÆГ Октябры революцийы фæуæлахизы руаджы Уæрæсейы пролетариат мæгуырдæр зæхкусджытимæ иумæ большевикты партийы, цытджын Ленины разамындæй хицаудзинад райстой сæхи къу хтæм æмæ расидтысты ног æхсæнадон æмæ паддзахадон цардарæзт. Октябрь дунейы адæмтæн уæрæх фæндаг айгæрста социализммæ æмæ ныр уыцы фæндагыл цæуынц зæххы цъары цæрæг адæмæн сæ иу æртыккæгæм хайæ фылдæр. Ленинизмы тырысайы бын, Ленинон партийы разамындæй сфæлдыстадон сæрибар фæллойы æртæ æмæ дыууиссæдз азы советон адæмæн экономикон æмæ кулыурон царды æппæт къабæзты дæр æрхастой æмбисонды уæлахиздзинæдтæ. Ныртæккæ ССР Цæдис промышленнон продукци уадзынæй ахсы фыццаг бынат Европæйы æмæ дыккаг бынат дунейы. У æдæ наукæ æмæ техникæйы йæ къухы цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд æмæ æфты, уыдон дæр зындгонд сты кæмдæридцæр. Нæ социалистон паддзахады, коммунизммæ чи цæуы, уый æнтыстдзинæдтæ уæлдай диссагдæр сты, капиталистон раззагдæр падцзахæдтимæ абаргæйæ, Уæрæсе раздæр социалон- экономикон æгъдауæй бынтон лæмæгъ кæй уыдис, ууыл ахъуьщы кæнгæйæ. * * * Цæмæн афтæ фæстæзад уыдис паддзахы Уæрæсе? Уымæн бамбарæн ис, йæ фæсреформæйы рæстæджы социалон- экономикон рæзты хицæндзинæдтæм ын куы æркæсæм, уæд. XX æнусы райдианмæ дунейы революцион змæлды уæз фессæста Хурныгуылæнæй Хурыскæсæнмæ, Уæрæсемæ. Уый размæ реакцийы æмæ абсолютизмы фидар чи уыди, уый си революцион хъаруйы суадон, кусджыты, захкусджыты æмæ æппæт фæллойгæнджыты дунеон фронты гæнах. 232
Революцион змæлды уæз Уæрæсемæ кæй раивта, уый чи ’мбæлди, ахæм хъуыддаг уыд. Афтæ æппæты фыццагдæр уымæн рауад, æмæ Уæрæсе, историон æууæлтæм гæсгæ, кæнын райдыдта империализмы ныхмæлæуддзинæдты цæвæн, Уæрæсейы пролетариаты æмæ зæхкусджыты революцион æхсары бæстæ. Дзыллæты змæлд тыхджынæй-тыхджындæр куы кодта æмæ ма революцимæ хæрз чысыл ку ы у ыди, у ыцы у авæрты В. И. Ленин æнæмæнг хъæугæ хъуыддагыл нымадта, Уæрæсейы социалон цардæвæрд цы у, уый раргом кæнын, бæстæйы кълассон тыхты кæрæдзимæ ахаст равдисын. Уый канд фидæны революцийы характер æмæ размæгæнæг тыхтæ сбæрæг кæныны тыххæй нæ хъуыдис, фæлæ ма хъуыдис уый тыххæй дæр, цæмæй нысангонд æрцыдаид, пролетариат революцийы рæстæг йæхи куыд хъуамæ дардтаид, уый, стæй хъуамæ нысангонд æрцыдаиккой кусджыты къласы партийы стратеги æмæ тактикæ. «Цы сты адæмы хæлæрттæ» æмæ уыдон куыд тох кæнынц социал-демократты ныхмæ», «Капитализмы рæзт Уæрæсейы», «Цы кæнын хъæуы?» æмæ æндæр чингуыты В. И. Ленин генион анализ радта Уæрæсейы фæсреформæйы рæзтæн, дур дурыл нал ныууагъта либералон народничествойæ, экономистты оппортунизмæй, диссаджы раст æмæ хорз бацамыдта кусæг къласы æмæ йæ авангарды хæстæ, марксистон ахуырады рухсæй ныйирд кодта уырыссаг сæрибарадон змæлды фæндаг. Ленин Уæрæсейы экономикон рæзтæн наукон æгъдауæй цы анализ скодта, уым равдыста уый, æмæ кæд хъазайрадон бар аивыны фæстæ бæстæ капитализмы фæндагыл æрлæууыди, уæддæр ма дзы дзæвгар баззади хъазайрады æгъдæуттæ. Помещиктæ-хъазардарджытæ 1861 азы цы реформæ сарæзтой, уый бынтон нæ сыскъуыдта хъазайрады уидæгтæ, фæлæ сæ æрмæст æрдæг тындтытæ скодта, æмæ уымæ гæсгæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ бон нæ баци буржуазон-демократон революцийы хæстæ сæххæст кæнын. Уый афтæ уымæн рауадис, æмæ хъазарайдон æгъдæуттæ революцийы фæрцы аиуварс кæнын йæ бон кæмæн уыди, уыцы тыхтæ ма уыдысты хæрз лæмæгъ. 233
В. И. Ленин хъазайрадон бар аивын нымадта фыццаг уырыссаг революцийы райдианыл. «1861-æм азы æмæ, 44 азы фæстæ цы цаутæ рауад, уыдон æхсæн æнæмæнг бастдзинад кæй ис, уый бæлвырд у», - фыста Ильич йе статья «Юбилейы фæдыл», зæгъгæ, уым. Æндæр ран, йæ чиныг «Зæхкусæгон реформæ» æмæ «пролетарон-зæхкусæгон революци», зæгъгæ, уым Ленин ногæй раздæхти уыцы фарстамæ æмæ фыссы, зæгъгæ, «1861 аз асайдта 1905-æм азмæ». Уыцы цыбыр, фæлæ иттæг бæлвырд ленинон ныхæстæй бæрæг у зæхкусджыты реформæйы мидис, йе ’нæххæстдзинад, амонынц, Уæрæсейы экономикон æмæ политикон рæзты дыууæ дуджы æхсæн цы арæн ис, уый. Уыцы дыууæ дуджы та уыдысты хъазайрадон хæдзарады дуг æмæ промышленнон капитализмы дуг. Фæсреформæйы рæстæг хъазайрады баззайæггæгты бæлвырд æвдисæн æмæ уырыссаг хæдхæцæгады тæккæ стырдæр экономикон æнцой уыдысты хъазайрадон стыр зæхджын бæстыхæйттæ - латифундитæ. Æмæ «зæхкусæгон реформæйы» буржуазон-хъазайрадон миниуæг дæр тæккæ тынгдæр гье уыцы хъуыддаджы рабæрæг, ома зæхкусджытæн зæххы хæйтгæ бакæныны хъуыддаджы. Уæрæсейы уыдис зæххы æгæрон тъæпæнтæ, фæлæ йæ техникæ фæстæзад кæй уыци, зæххы куысты культурæ тынг ныллæг кæй уыдис, уымæ гæсгæ уыцы æппæт тъæпæнтæй куыд æмбæлд, афтæ пайдагонд нæ цыди. 1905 азы райдианмæ, официалон нымадмæ гæсгæ, бæстæйы зæхх хæццæ кодта 1965,4 милуан дæсæтинмæ. Уыимæ хыгьд æмæ барст зæххыты нымæц æдæппæт æййæфта 1146,2 милуан дæсæтины. Барст зæххытæй конд цыдис æрмæстдæр 469,4 милуан дæсæтины. Уæддай фылдæр зæхх æнæпайдагондæй лæууыди Сыбыры æмæ Астæуккаг Азийы. Зæххæн йæ фылдæр хай уыдис дворянты-помещикты къухы. Рæстæмбис нымадæй иу помещикмæ хауди 2,333 дæсæтины. Уыцы рæстæг зæхкусæг дзыллæтæй та алы хæдзармæ дæр хаудис хæрз гыццыл зæххы гæбаз. Реформæ уæлдай æвзæрдæр уавæры сæвæрдта нæ бæстæйы национ районты зæхкусджыты. Зæгъæм, хъазайрадон бар аивыны фæстæ 1867 азы Ирыстоны 234
алы зæхкусæг хæдзармæ дæр зæхх хаудта ноджы къадцæр, хæхбæсты алы хæдзармæ дæр зæхх хаудта - 0,82 дæсæтины. Ирыстоны хæххон районты уыди ахæм бынæттæ дæр, æмæ зæххы хай æрмæстдæр 0,27-0,33 дæсæтины кæм хауди иу хæдзармæ. Дворянты стыр зæхджын бæстыхæйттæ уыдысты бæстæйы уыцы районты, реформæ зæхкусджыты уæлдай тынгдæр кæм бастыгъта: Украинæ, Белорусси, Прибалтикæ, Литва, Уæрæсейы саумæрджын астæуыккаг районты. Зæгъæм, Киевы губернийы тæккæ стырдæр зæхджынтæ уыдысты графтæ Бобринскийтæ (уыдис сæм 35 мин дæсæтины), Е. А. Балашова (уыди йæм 45 мин дæсæтины), М. Е. Браницкая (96 мин дæсæтины) æмæ афтæ дарддæр. Зæххыты æвирхъау стыр хæйттæ уыдис Херсоны, Таврийы, Екатеринославы губерниты дворянтæ-помещиктæм дæр. Зæххытыл ноджы стырдæр исбонад уыди Латвийы. Помещикты хæрз чысыл къорд сæхи бакодтой хуыздæр зæххыты стыр тъæпæнтæ, хъæдтæ æмæ уыгæрдæнтæ. Курляндийы губернийы помещик фон Ганмæ уыди 67,223 дæсæтины, барон фон Бормæ - 167,227 дæсæтины, Лифляндийы чи царди, уыцы барон Зольфмæ та йæ 36 бæстыхайы зæхх уыдис 200 мин дæсæтинæй фылдæр, æмæ афтæ дарддæр. Хъазайрадон бар аивыны фæстæ Ирыстоны хуыздæр зæххытæн сæ фылдæр хай сæхи бакодтой феодалтæ, æлдæрттæ. Кæй зæгьын æй хъæуы, помещикты латифундитæн фæцæрæн нæ уыдис, зæххъуаг чи æййæфта, æнæ уыцы дæлбар зæхкусджытæ. Цæмæн? Уымæн æмæ уыдон, зæхкусджытæ, сæ царды уавæртæм гæсгæ баст уыдысты сæ зæххы гæппæлтæм, кæд уыцы гæппæлтæ, Ленины загъдау, уыдонæн сæ хæрдзтæн йæ тæккæ къаддæр хай бамбæрзыны фаг дæр нæ уыдысты, уæддæр, фæлæ уыимæ уыдысты зæхкусджыты цагъарты уавæрты дарыны фæрæз, помещиктæн фадат лæвæрдтой тынг аслам кусæг къухтæй стыр пайдатæ исынæн. Помещикты ахæм æбуалгъ эксплуатацийæн-иу нæ бабыхстой зæхкусджытæ, раууатмæ-иу æрцыдысты, ныууагътой-иу сæ цæрæнбынæттæ, ныууæй кæнын-иу сæ бахъуыди сæ фос, 235
сæ кусæн дзаумæттæ æмæ-иу цæрыны фæрæзтæ бакусынмæ ацыдысты горæттæм. Фæлæ сæм уым дæр хуыздæр хъысмæт нæ касти. Зæхусджытæ-иу горæты бахаудтой ног æгъатыр тых - æхцайы, «господин Купоны» дæлбар. Уыцы уавæр помещикты ардыдта хæдзарад капиталистон уагыл æмæ йæ æххуырсгæ кусджыты къухæй рæзын кæныны фæндагмæ хизыныл. Левин банымадта, Европæйаг Уæрæсейы 43 губернийæ XIX æнусы кæронмæ 19 губернийы тыхджындæр кæй уыди капиталистон системæ, иннæ губерниты капиталистон системæ æххæст нæма фæуæлахиз. Хъæуты мидæг капитализм кæй рæзыдис, уымæ гæсгæ зæхкусджытæн кълассон æгъдауæй æнæфæдихтæ уæвгæ нæ уыди. Иуырдыгæй фарс фесты хъæздыг цæрджытæ - кулактæ, иннæрдыгæй фарс та - мæгуыр цæрджытæ. «Рагон зæхкусæг дзыллæтæ, - фыста Левин, - канд «дихтæгонд нæ цæуынц», уыдон бынтондæр кæнынц хæлгæ, сæ бындзар скъуыны, сæ бæсты æвзæры хъæууон адæмы ног типтæ, æлдариуæггæнæг товарон хæдзарад æмæ капиталистон куыстадыл арæзт æхсæнады бындур чи у, ахæм типтæ. Уыцы типтæ сты хъæууон бу ржуази (тынгдæр лыстæг буржуази) æмæ хъæууон пролетариат, зæхкуысты продукци дæттæг кълас æмæ хъæууон-хæдзарадон æххуырсгæ кусджыты кълас». 1861 азы реформæйы фæстæ хъæууон хæдзарады сбæрæг капитализмы рæзты объективон дыууæ фæндаджы - пруссаг æмæ америкаг. Тох цыди, хъæууон хæдзарады мидæг капитализм кæцы фæндагыл хъуамæ ацæуа, ууыл. В. И. Ленин сæргом кодта æмæ теоретикон æгъдауæй бындур сæвæрдта, уыцы тох цæуыл уыди æмæ дзы цы тыхтæ уыди, уымæн. Владимир Ильич бакуыста, уыцы дыууæ фæндагæй кæцыйыл хуыздæр ацæуын у, уыцы теорийыл. Ленин равдыста, пруссаг фæндагыл цæугæйæ, помещикты хъазайрадон хæдзарад куыдфæстæмæ кæй хъуамæ райрæзтаид буржуазон-юнкерон хæдзарадмæ, зæхкусджытæ кæй бахаудаиккой хъизæмайраг æмæ цагъайраг царды; уыдонæй æрмæст фæхицæн уыдаид иу чысыл хъæздыг цæрæг зæхкусджыты къордтæ — «фосс-бауэртæ». Америкаг фæндагыл ацæугæйæ та помещикон хæдзарад нæ уыдаид. Уыцы хæдзарад 236
пырхгонд æрцыдаид революцийы æхсарæй, уымæн æмæ уый байстаид æмæ ныддихтæ кодтаид феодалон бæстыхæйттæ. Зæхкусджытæ тох кодтой америкаг фæндагыл ацæуыныл, уымæн æмæ уый фадат лæвæрдта хъæуты мидæг капитализм æнæкъуылымпыйæ рæзын кæнынæн. Уæрæсейы фæстæзад æрдæгхъазайрадон хæдзарадимæ иумæ уыдис дзæвгар сырæзгæ промышленность. Ленины хатдзæг, зæгъгæ, «...махмæ ис тæккæ фæстæзаддæр зæххы куыстад, тæккæ хъæдцагдæр хъæутæ - тæккæ раззагдæр промышленнон æмæ финансон капитализм», иттæг бæлвырдæй æвдисы фæсреформæйы Уæрæсейы экономикон стругаурæ, бæлвырд æмбарын кæны, уырыссаг реводюци æнæмæнг цæмæн æрцыдис, уый. Æнæуи капитализмæй монополистон капитализммæ рахизыны объективон разæууæлтæ Уæрæсейы сæвзæрдис суанг XIX æну сы фæстаг æртыккæгæм хайы. Фæлæ у æд империалистон ныхмæлæуддзинæдтæ æххæст карз нæма сысты, сæ тæмæны нырма гъе уæд цыдысты. Империализм æххæстæй йæ тыхы бацыди ивгъуыд æнусы кæрон промышленнон рæзты æмæ 1900- 1903 азты кризисы рæстæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсе нæ лæууыдис æмæ йæ бон лæууын дæр нæ уыдис дунеон историйы уæрæх фæндагæй иуварс. Уыцы азты йæ рæзты уæлдæр, фæстаг къæпхæнмæ бахызти уырыссаг капитализм дæр. Наукæйы раз, æппæт адæмты раз В. И. Ленины стыр сгуыхтдзинад уый мидæг ис, æмæ марксистон наукæйы историйы уый æппæты фыццагдæр раргом кодта империализмы мидис, сбæрæг ын кодта йæ историон бынат. Маркс йæ чиныг «Капиталы» капитализмæн ны анализ скодта, ууыл æнцой кæнгæйæ. Ленин наукон æгъдауæй тынг лæмбынæг раиртæста империализм, хурмæ йыи рахаста йæ хъæдгæмтæ, йæ ныхмæвæрддзинæдтæ æмæ афтæмæй сбæрæг кодта уырыссаг пролетариаты æмæ йæ раздзæуæг Коммунистон партийы хæстæ. Маркс экономикон теорийы ахъаззагдæр хъу ыддаг - æфтаугæ аргъы закъон куыд байгом кодта, афтæ В. И. Ленин байгом кодта, империализмы дуджы капиталистон бæстæтæ экономикон æмæ политикон æгъдауæй æмхуызон кæй нæ рæзынц, уыцы закъон. 237
Империализмы рæстæг æнæмхуызон рæзты закъон сси социалистон революцийы ленинон теорийы бындур. В. И. Ленин уырыссаг империализмы сæрмагонд миниуджытæ кæй раиртæста, уый стыр ахъаззаг уыдис 1905 азы революцийы рæстæг болыыевикты партийы раст стратеги æмæ тактикæ снысан кæнынæн. Хурныгуылæн Европæйы хуызæн Уæрæсейы дæр 1900- 1903 азты кризис цæхгæр фæзилæн уыди ногдæр монополиты историйы. Монополон иугæндтæ Уæрæсейы кризисы агъоммæ дæр уыдис, фæлæ уыдонæн сæ ахадындзинад тынг фæфылдæр XX æнусы райдианы, кризисы руаджы. Кризис фæтагьддæр кодта промышленносты концентрацийы æмæ капиталы централизацийы хъуыддаг. Кризисы азты дзæвгар фæкъаддæр заводтæ æмæ фабрикты нымæц. Капиталистон чысылдæр куыстуæттæ конкуренцийæн нæ бафæрæзтой, заууатмæ æрцыдысты æмæ сæ сæхгæдтой. Уый хыгъд сырæзыдысты стыр монополистон цæдистæ. Промышленносты концентрацийы хъуыдцагæн ноджы бæлвырддæрæй равдисæн ис куыстады хицæн къабæзтæй. Зæгъæм, Уæрæсейы металлургион промышленносты 1895 азы уыдис стыр монополон организаци æмæ уый иннæ заводтæй уагъта бирæ фылдæр продукци, бæстæ цы цæнгæт уагъта, уымæн йæ 12 проценты. 1900 азы Уæрæсейы ахæм стыр заводтæ баисты дыууæ æмæ цæнгæт дæттын байдыдтой 30 милуан путы кæнæ ахæм æппæт продукцийæн йæ 17,2 проценты. 1908 азы уыцы заводтæ баисты фондз æмæ цæнгæт уадзын райдыдтой 71 милуан путы, æмæ афтæ дарддæр. Дыккаг дунеон хæсты хæд размæ бæстæйы уыди фараст металлургион заводы, æмæ уыдон лæвæрдтой æппæт цæнгæтæн йе’мбисæй фылдæр. Ахæм уавæр уыдис куыстуаты иннæ къабæзты дæр. Донбассы æвзалыкъахæн промышленносты 20 куыстуатæй фылдæр æвзалы къахтой, æдæппæт бассеин цас лæвæрдта, уымæн йæ 67,5 проценты. Монополитæ тагъд рæзыдысты нефты промышленносты дæр. Кавказы нефткусæн заводтæ, тынгдæр та Бакуйы заводтæ, 238
лæвæрдтой Уæрæсейы нефты промышленносты æппæт продукцийæн йæ 74 проценты. Кризисы азты стыр капиталисттæ ноджы тынгдæр сфндар кодтюй сæ позицитæ. Сæрзæрди æмхæццæ стыр монополистон иугæндтæ. 1902 азы арæзт æрцыди синдикат металлургийы «Продамет». Уый уыдис ногдæр монаполистюн организаци дзыхъынног техникæимæ æмæ бирæ кусджытимæ. «Продамет»-ы сæрибар акционерон æхсæнад йæхимæ æрбайста уырыссаг металлургийы стыр хай. Куыд æй фæндыди, афтæ йæхи пайдайæн æвæрдта бирæ лыстæг фабрикты æмæ заводты куыст. Иуцасдæр фæстæдæр, 1904 азы, кусын байдыдта синдикат «Продуголь». Уый баиу кодта Донбассы шахтæты стырдæр хицæутты. Фæзындис æндæр синдикагтæ дæр - «Кровля», «Продвагон», «Гвоздь» æмæ афтæ дарддæр. Гъе афтæмæй кризисы азты æмæ уый фæстæ, фæскъæвда закъотæ куыд фæзыны, афтæ Уæрæсейы арæх кæнын байдыдтой стыр монополистон цæдистæ. Капитализм йæхи фæндагыл кæй цыдис, промышленносты ахсджиагдæр къабæзты фылдæр егъау куыстуæттæ кæй арæзтой, уый тынг ахсджиаг уыдис кусæг къласы рæзтæн. Кусæг къласыл æфтыди азæй-азмæ, æхсысти æмæ куыдфæстæмæ кодта революцион стыр тых. 1902 азы Уæрæсейы уыди 458 стыр куыстуаты, хæххон промышленность дæр нымайгæйæ цы 1155 мин адæймаджы дзы куыста, уыдонимæ. Кусджытæ уæлдай фылдæр уыдис æвзалы æмæ згъæркъахæн промышленносты. Уæрæсейы промышленносты рæзтыл тынг фæзындис фæсарæйнаг капитал. Æмæ уый дæр у уæрæсейаг империализмы хицæн миниуджытæй иу. Уырыссаг капитал фæсарæйнаг капиталы дæлбар кæй уыдис, уымæ гæсгæ Уæрæсейы империализм æмбыдис уæлдай тагъдцæр, уыдис уæлдай гуырымыхъдæр. Фæсарæйнаг капиталмæ, уæлдайдæр та англисаг, францусаг, немыцаг æмæ бельгиаг калиталмæ ардыгæй стыр пайдатæ кæй цыди, уымæ гæсгæ уыцы паддзахæдты монополисттæ бырстой уырыссаг промышленностмæ, уыимæ йæ тæккæ 239
æфтиагджындæр къабæзтæм - æвзалы æмæ згъæркъахæн, стæй металлкусæн промышленностьмæ. Уырыссаг промышленносты ахсджиагдæр бынæттæ бацахсгæйæ, фæсарæйнаг капитал æгъатырæй эксплуатаци кодта уырыссаг кусæг къласы, хæлæттаг кодта бæстæйы æрдзон хъæздыгдзинæдтæ æмæ хæлдта бæстæйы кæнынадон тыхтæ. Фæсарæйнаг капиталисттæ Уæрæсейы истой æмбисонды стыр пайдатæ. Хурныгуьшæн-европæйаг паддзахæдты æвæрд капиталæй сæм цы æфтиаг хауди, уынмæ абаргæйæ Уæрæсейы сæ пайдатæ уыдысты дыууæ-æртæ хатты фылдæр. В. И. Ленин куыд фыста, афтæмæй Уæрæсе нымад цыдис «фæрссаг» æмæ «йæхæдæг йæ хицæн æххæст хицау чи нæ уыдис», ахæм паддзахадыл, уый уыдис хурныгуылæйнаг империализмы æрдæг колони. Æххæст чи нæ у, уыцы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Уæрæсейы адæмон хæдзарадыл бахардзгонд фæсарæйнаг капитал 1900 азы уыдис 911 милуан сомы, 1913 азы та баци 1960 милуан сомы. Уырыссаг промышленносты æппæт акционерон капиталтæн сæ иу æртыккæгæм хайы бæрц уыдысты фæсарæйнаг капиталистты æмæ банкты къухы. Фæсарæйнаг капиталисттæ хæлæф кодтой Кавказы хæххон згъæркъахæн промышленность сæхимæ æрбайсыньш. Цæгат Ирыстоны хуызджын металлурги уьщис бельгиæгты къухы. Фылдæр пайда райсынмæ тырнгæйæ, бельгиаг капиталисттæ, Владикавказы горæты думæимæ сын цы бадзырд арæзт уыди, уымæ гæсгæ зæхх райстой аренды 99 азмæ æмæ йыл аразын байдыдтой здыйы-цинчы металлургион завод. Уыцы завод кусын байдыдта 1901 азы. Фæсарæйнæгтæ Ирыстоны сæхи дардтой, раст цыма сæ колони уыди, афтæ. Æгъатыр эксплуатаци кодтой бынæттон цæрджыты, хæлæттаг нын кодтой нæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ, истой фосхизæнтæ, цагьтой хъæд. Фæлæ кæд промышленносты концентрацимæ æмæ капиталы централизацимæ гæсгæ Уæрæсе иуæй-иу раззагдæр паддзахæдтæй дæр уæлдæр лæуд уыди, уæддæр иумæ райсгæйæ уыди социалон-экономикон æгъдауæй фæстæзад бæстæ. Уæрæсе 240
раззагдæр капиталистон паддзахæдтæй фæстейы цас тынг баззад, уымæн фенæн ис ахæм нымæцтæй. 1913 азы Уæрæсе промышленнон продукци рауагъта Францæй 2,5 хатты къадцæр, Англисæй-4,6 хатты, Германæй- 6 хатты æмæ Америчы Иугонд Штаттæй- 14,3 хатты къаддæр. Уæрæсе тынг чысыл лæвæрдта цæнгæт, æндон, æвзалы æмæ электрон энерги. Иннæ раззагдæр капиталистон паддзахæдтæй фæстейы куыд тынг зади, уый бæрæг у иу удгоймаджы хыгъдмæ промышленнон проду кци уадзыны ху ызæн ахсджиаг эканомикон æвдисæнæй дæр. Зæгъæм, 1913 азы иу удгоймаджы хыгъдмæ Уæрæсейы цæнгæт рауагътой 30,3 килограммы, Америчы Иугонд Штатты та - 326,6 килограммы, Англисы - 206 æмæ Германы - 250 килограммы Гъе афтæмæй, кæд паддзахы Уæрæсейы промышленность, уый размæйы рæстæгимæ абаргæйæ, тынг сырæзыди, уæддæр ма йæ бирæ хъуыди раззагдæр паддзахæдты промышленность баййафынмæ. В. И. Ленин фыста: «Уæрæсейы капиталистон дуджы размæйы рæстæг капиталистон рæстæгимæ куы абарæм (фарста раст алыг кæныны тыххæй та йæ комкоммæ афтæ абарын хъæуы), уæд капитализмы рæстæг æхсæнадон хæдзарад куыд рæзыди, уый банымайын бахъæудзæни тынг тагъдыл. Фæлæ уыцы тагъд рæзт куы абарæм, ныртæккæйы техникæйы æмæ культурæйы æууæлты йын рæзынæн цы фадат уыдаид, уыимæ, уæд зæгъын хъæуы, Уæрæсейы капитализм кæй рæзыди сындæг». Уæрæсейы уæлдай тынгдæр чи фæбæрæг, империализмы уыцы миниуджытæй иу уыдис, техникон прогресс барæй кæй къуылымпы кодтой, уый. Уæрæсе йæ техникон рæзты уавæрмæ гæсгæ бирæ дæлдæр лæуд уыди капитализмы раззагдæр паддзахæдтæй. Уый тынгдæр уымæн, æмæ хæдхæцæгады цæсты наукæйы æппындæр ницы кад уыдис. Уырыссаг стыр ахуыргæндтæ наукæ æмæ техникæйы цы æмбисонды ногдзинæдтæ æрхъуыды кодтой, дунейыл чи айхъуыстис, уыдон лæууыдысты æнæ пайдагондæй кæнæ та сæ давтой фæсарæйнаг ахуыргæндтæ. 241 16
Падцзахы режимы реакцион миниуæг æмæ уымæ гæсгæ у ырыссаг империализмы миниу æг дæр ноджы цыди у ымæй, æмæ уырыссаг империализмы хъуыддæгтæ тынг аразгæ уыдысты фæсарæйнаг капиталæй. Уæрæсейы паддзахадон хæс 1905 азы 1 январмæ баци 7081,7 милуан сомы. Æрмæст 1904 азы дæргъы уыцы хæсыл бафтыдис 430,4 милуан сомы. 1905 азы дæргъы та сси 7841,2 милуан сомы. Падцзахы хæдхæцæгадæн йæ каст фæсарæйнаг капиталисттæм кæй уыдис, уымæ гæсгæ куыдфæстæмæ кодта дунеон империализмы агентурæ. Фæсарæйнаг империалисттæ уырыссаг паддзахы хæдхæцæгад нымадтой, лæбурæг хæстыты сæ чи хъуыдис, ахæм æфсæддон тыхыл. Уæрæсе экономикон æгъдауæй йæ лæмæгъдзинад æмбæрста æмæ йæ бон нæма уыди йæхи æддагон политикæ æххæст кæнын. Фæсреформæйы рæстæг Уæрæсейы тыхджын кæнын байдыдта пролетариаты æмæ зæхкусджыты революцион тох цагъардзинады æмæ æнæбардзинады ныхмæ. Фæлæ паддзахы хæдхæцæгады, помещиктæ æмæ капиталистты ныхмæ кусджыты æмæ зæхкусджыты тох райдианы цыдис æнæразамындæй, афтæ йæхи æгъдауæй. Уыцы тох нысанджын æмæ ахадгæ сси, революцион марксисттæ кусын куы байдыдтой, уæлдайдæр та, цытджын Ленин 1903 азы болыпевикон парти куы сарæзта, уæдæй фæстæмæ. 1900-1903 азты кризис тынг скарз кодта империализмы ныхмæвæрддзинæдтæ. Уыцы рæстæг ноджы фыддæрмæ æрцыдис кусæг къласы, фæллойгæнджыты уавæр. Кусæг кълас æмæ зæхкусджытæ Уæрæсейы куыд æвирхъау æфхæрд цыдысты, афтæ дунейы иннæ паддзахæдты никуы уыди. Фабриктæ æмæ заводты кусгæ бон хæццæ кодта суткæ 14-16, ранæй-рæтты та 18 сахаты онг. Фæллойы фадæттæ уыдысты тынг æвзæр, куысты мызд тынг чысыл. Уыдæттæ иууылдæр æвзæрырдæм зындысты фæллойгæнджыты æнæниздзинадыл. Уæрæсейæ фыддæр зиантæ никуы цыдис адæмыл. Кусджытæ ахæм уæззау уавæрты кæй цардысты, уымæй фæстæмæ ма ноджы бынтон æнæбар уыдысты политикон æгъдауæй. Хæрз чысыл аххосы тыххæй дæр сæ кодтой æвирхъау æфхæрд, сæ уæлхъус лæууыдис 242
цæстдарджыты æнæхъæн æфсад æмæ сыл æппындæр ницæмæй ауæрстой. Сæ мыздæй сын давтой фабриканттæ æмæ заводты хицæуттæ, æфсонæй, æнæфсонæй сæ кодтой ивар. Раздæр кусджыты надтой дзомсытæй, ныр та сæ нæмынц сомтæй, дзырдта Ленин уыцы иварты тыххæй. Уæрæсе XX æнусы райдианæй фæстæмæ иннæ империалистон паддзахæдгæй уымæй хъауджыдæр уыдис, æмæ дзы тынг стыхджын кусджыты змæлд. Революцион змæлды ахъаззагдæр бынат ахстой промышленносты кусджытæ, фæллойгæнæг дзыллæты тæккæ æмбаргæдæр æмæ æнгомдæр отряд. XX æнусы райдианмæ Уæрæсейы уыдис 10 милуан æххуырсгæ кусæгæй фылдæр, уыдонæй дыууæ милуанæй фылдæр уыдысты фабрикты, заводты æмæ æфсæнвæндаджы кусджытæ. Промышленносты пролетариатимæ нымад цыдысты хъæууонхæдзарадон, арæзтадон æмæ æндæр кусджытæ дæр, æдæппæт æртæ милуаны æмæ æрдæгмæ æввахс. Уый уыди, паддзахы хæдхæцæгад фехалынмæ чи сарæхстаид æмæ уыцы хъуыддаг йæ бон кæмæн бауыдаид, ахæм тых. 1900 азæй райдайгæйæ фылдæр кæнын байдыдта куыстурæдты, демонстрациты æмæ политикон протестты нымæц. Фылдæр хатт-иу куыстурæдтæ æмæ демонстрацитæ райдыдгой стыр промышленнон горæтты, пролетариат уæлдай фылдæр кæм уыдис, уым æмæ-иу уырдыгæй анхъæвзтой иннæ горæттæм дæр. Зæгъæм, уырыссаг кусджыты змæлды историйы зындгонд у, Петербурджы Обуховы хæстон заводы цы фыццагмайон куыстурæд уæдис, уый. Кусджытæ заводы хицæутты раз æрæвæрдтой къорд политикон домæны: аст сахаты кусгæ бон сæвæрын, Фыццаг май бæрæгбоныл банымайын æмæ афтæ дардцæр. Кæд кусджыты домæнтæй ницы рауади, ныппырх сæ кодтой, уæддæр уыцы цауæн стыр ахадындзинад уыдис бæстæйы кусджыты змæлд стыхджын кæныны хъуыдцаджы. Тынг бирæ куыстурæдтæ рауади уый фæстæ Уæрæсейы иннæ стыр горæтты дæр. Кусджыты змæлд тынг фæзынди зæхкусджыты тохыл дæр. Кæд æмæ ку сджыты кълас империал истон бу ржуазийы æфсондзы бын хъæрзыдысты, уæд зæхкусджытæ та стыр фыдæбæттæ 243
æвзæрстой хъазайрадон барæй. Стыр зæхджын помещиктæ сæ фæстаг тугтæ цъырдтой зæхкусджытæн, æвæрдтой сæ сæфты къахыл. Уымæ гæсгæ зæхкусджытæн се’нæуынон кодтой помещиктæ, æмæ-иу сыстадысты сæ ныхмæ. Хъæуты мидæг тох тыхджындæр кæныныл тынг фæзындис, кусджыты кълас æмæ зæхкусджытæ комкоммæ баст кæй уыдысты. уый. Бæстæйы промышленнон куыстуæттæн сæ дзæвгар хай уыдис хъæутæм хæстæг. Æрмæст Европæйаг Уæрæсейы промышленнон 83 губернийы уыди 267,9 мин кусæджы, рæстæмбис нымадæй дзы алы волостмæ дæр хауди 3,3 мин адæймаджы бæрц. Зæхкусджытæм афтæ хæстæг лæуд уæвгæйæ, кусджытæ идейон æмæ организациан æгъдауæй разамынд лæвæрдтой уыдоны тохæн. Уый ахъаз кодта хъæуты мидæг революциан змæлд тыхджындæр кæнынæн. Зæхкусджытæ тынгæй-тынгдæр æмбарын райдыдтой, зæронд æгъдæуттæ, се нæуынон цардæвæрд революцион тохы фæрцы халын кæй хъæуы, уый. Кълассон ныхмæлæуддзинæдтæм ма бафтыдысты национ ныхмæлæуддзинæдтæ. В. И. Ленин куыд дзырдта, афтæмæй У æрæсе уыдис адæмты ахæстон. Паддзахы хæдхæцæгад æххæст кодта национ кæрæттæ тыххæй уырыссаг здæхт сæ скæныны политикæ, адæмы хæттыты ардыдта кæрæдзиуыл, хæрам сæ кодта кæрæдзимæ. Монополистон буржуазийы пайдайæн паддзахы хæдхæцæгад хæст уыди æндæр адæмыхæттыты гуымиры хуызы æфхæрыны политикæйыл. Уæлдай тынгдæр ссæст цыдысты Кавказы, Полыыæйы, Астæуккаг Азийы адæмтæ. Æмæ царизмы ахæм политикæ æппæты фыццагдæр стыр маст æвзæрын кодта у ырыссаг адæммæ, йæ раззагдæр æмæ йæ ху ыздæр минæвæрттæм. Уырыссаг адæм дзырдтой иннæ адæмы хæттыты фарс, æххуыс сын кодтой, сæ бон цæмæй уыдис, уымæй, сæ арм сыл дардтой. Уырыссаг адæм æрлæууыдысты Уæрæсейы кæройнаг районты цæрæг адæмы тохы сæргъы, уыдонæн сæ социалон æмæ национ ссæстдзинады ныхмæ тохы сæргъы. Куыд загътам, афтæмæй Уæрæсе XX æнусты райдианмæ бацыдис империализмы дуджы. Уыцы дуг стыр, бындзарон 244
ивддзинæдтæ бахаста бæстæйы адæмты экономикон æмæ политикон цардмæ. Уыцы рæстæгмæ бынтон ног хуызы фæци кълассон тыхты равæрд. Пролетариат политикон аренæмæ рацыдис куыд тæккæ æнгомдæр, тæккæ революциондæр кълас. Буржуази ссис либералон, реакцион, контрреволюцион тых. Кусæг кълас цы къорд куыстурæды æмæ демонстрацийы сарæзта, уыдон равдыстой, политикон æгъдауæй кæй сцæттæ, уый. Уыцы куыстурæдты æхсæн уæлдай зынгæдæр æмæ дæргьвæтиндæр уыдис 1902 азы куыстурæд Батумы. Сарæзтой йæ социал-демократтæ Ротшильды æмæ Монташевы заводты. Уыцы куыстурæды фæуæлахиз сты кусджытæ. Уæлдай ахсджиагдæр уыдис, 1902 азы майы Ростовы цы номдзыд куыстурæд уыдис, уый. Уæд цалдæр боны дæргъы сæ куыст ныууагътой 30 мин адæймаджы бæрц. Куыстурæд сарæзта УКСДП-йы Доны комитет. Куыстурæдты змæлд ноджы тынгдæр стыхджын 1903 азы. Уыцы аз куыстурæдтæ уыдис Уæрæсейы цалдæр раны - Фæскавказы. Украинæйы, Полыыæйы, Прибалтикæйы æмæ афтæ дарддæр. Уырыссаг пролетариат паддзахы ныхмæ сыстынмæ цæттæ кæй у, уый уæлдай тынгдæр рабæрæг, Бакуйы кусджытæ 1904 азы стачкæйы кæй фæуæлахиз сты, уымæй. Кусджыты домæнтæм гæсгæ нефты промышленносты хицæутты барæнæбары дæр сæвæрын бахъуыди фараст сахаты кусгæ бон, кусджытæн бафыстой куыстурæды алы боны тыххæй дæр, стæй сæвæрдтой, мæй æмæ æрдæджы дæргъы кусæг рынчын куы фæуа, уæд уыцы æмгъуыды æмбисæн мызд фидыны æгъдау. 1901-1904 азты куыстурæдтæ æмæ демонстрацитæ Ленин нымадта 1905 азы революциан тохмæ цæттæ кæныны фæлварæнтыл. Кусджыты змæлд уырдыгæй фæстæмæ ссис нысанджындæр æмæ иугонддæр; уымæн æмæ йын разамынд дæттын райдыдта болыневикты парти. Болылевикты парти адæмон дзыллæты æхсæн рапарахат кодта пропагандистон, организаторон æмæ агитацион куыст. Уæлдæр цы загътам, уымæй ис ахæм хатдзæг скæнæн: XX æнусы райдианы падцзахы Уæрæсейы кæрæдзиимæ нал бадтысты кæнынадонтыхты рæзтæмæ куыстадон ахастдзинæдты 245
рæзт. Кæнынадон тыхты капиталистон рæзты æмæ æрдæг хъазайрадон ку ыстадан ахастдзинæдты баззайæггæгты æхсæн цы стыр хъауджыдæрдзинад фæзынди, уый разæууæлтæ сæвзæрын кодта буржуазон-демократон революцийæн. Уый фæстæйы ныхмæлæуддзинæдтæ та сæвзæрын кодтой ног æууæлтæ, буржуазон-демократон революци социалистон революцимæ цæмæй рахызтаид, уымæн. Зæхкусджыты æмæ помещикты æхсæн, кусджыты къласы æмæ буржуазийы æхсæн ныхмæлæуддзинæдтæ карздæр кодтой, капитализм уый размæйы рæстæгимæ абаргæ, тагъддæр куы рæзыди, хъæууон хæдзарад та тынг фæстæзад куы уыди, уыцы æууæлты, бæстæйы тыхджын кусджыты кълас æмæ лæмæгъ, ницыхъом буржуази куы уыди, уыцы æууæлты. Уæрæсе фæсреформæ куыд рæзыди, уырыссаг революцийы агъоммæ кълассон тыхты кæрæдзимæ ахаст цавæр уыди, уый æвзаргæйæ, В. И. Ленин равдыста, либералон буржуазийæн Уæрæсейы фидæны буржуазон-демократон революцийы фæтæг уæвын æппындæр йæ бон кæй нæу, уый. Революцийы фæтæг уæвын йæ бон уыди æрмæст кусджыты къласæн. —<©$€*>=- 246
Агънаты Æхсар ИРОН ÆВЗАДЖЫ ХАЙЫГТЫ МИДИС ÆМÆ МИНИУДЖЫТÆ А. Шерген æмæ В. Миллер ирон æвзаджы тыххæй цы чингуытæ рауагътой, уым хайыгтæн се ’ппæты кой нæ кæнынц, стæй сæ æвзаджы хицæн хайыл дæр нæ нымайынц, фæлæ сæ ахастой бæттæгтæм, фæрсдзырдтæм æмæ æвастхъæртæм. Æвзаджы хицæн хаймæ хайыгты рахицæн кодта Абайты Васо, фæлæ сын сæ хыгъд йеддæмæ ницы æрхаста. Хайыгты тыххæй бæлвырддæр ныффыста Багаты Никъала. У ый сæ дих кæны 7 хуызы. Хайыгтæм хæссы, хъуыдыйады мидæг уæнг цы дзырдтæ нæ вæййынц, стæй сæрмагонд нысаниуæг кæмæн нæ вæййы, ахæм дзырдтæ дæр (æвæццæгæн, иуæй, æнхъæлдæн, аннæмæй, фыццаг æмæ а. д.). Уымæй уæлдай ма Багайы-фырт хайыгтыл нымайы, кæрæдзийæ фæхицæн кæнæн кæмæн нæй, уыцы дзырдбæстытæ (дæ хорзæхæй, чи зоны, уымæ гæсгæ, цыбыр дзырдæй, чысыл ма бахъæуа æмæ а. д.). Цы сты уæдæ ныхасы хайыгтæ? Хайыгтæ сты ахæм дзырдтæ кæнæ дзырдты хæйттæ, бамбарæн кæмæн нæй æнæ æндæр дзырдтæй. Хайыгтæ хицæнæй райсгæйæ ницы амонынц. Зæгъæм: ма, нæ, цæй, иу, о, та, дам æмæ æнд. Хайыгтæ æххуыс кæнынц хъуыдыйады кæнæ хъуыдыйады хицæн уæнгтæ хуыздæр бамбарынæн. Уымæй уæлдай ма æвдисынц дзурæджы ахаст, ома йæ фæндон, йæ хъуыдыйы фæлгъуыз. Уыдон хъуыдыйады уæнгтæ нæ вæййынц, уымæн æмæ сын сæрмагонд нысаниуæг нæй, æрмæстдæр æвдисынц хъуыдыйады иннæ дзырдты алыхуызон фæлгъуызтæ. Цы ис иумæйагæй хайыгтæн иннæ ныхасы хæйтгимæ? Хайыгтæ ма, на, ни-йæ фæстæмæ иннæтæ иууылдæр, хицæнæй райсгæйæ, сты ныхасы иннæ хæйтты хуызæн. «А» у амонæн номивæджы хуызæн, «Цы» та - фарстон номивæджы хуызæн. Кæд уый афтæ у, уæддæр уыдонæн хъуыдыйады мидæг номивджыты хуызæн нысаниуæг нæй. Зæгъæм: А лæппу фыдуаг 247
кæнын байдыдта (ацы хъуыдыйады «а» у номивæг). А, Захары лæппу куы дæ (ацы хъуыдыйады та «А» хайыг у). - Цы уыди, цы федтай? (ам «цы» номивæг у). Ливорджын дæн, цы! (Хетæгкаты Къ. «Чи дæ»?) (Ам, «цы» хайыг у). Номивæг «дын» хайыг «дын»-æй раиртасæн уымæй ис, æмæ хъуыдыйады мидæг архайд арæзт цæуы номивæгмæ. Хайыг «дын» та хъуыдыйады æвдисы дзурæджы ахаст, цы дзуры, кæнæ кæимæ дзуры, уый. Зæгъæм: æз дын фæткъуы авæрдзынæн. (Ацы хъуыдыйады «дын» у цæсгомон номивæг дæттынон хауæны, ома дæуæн фæткъуы ратдзынæн). Араст дын сты Абран æмæ йе ’фсымæртæ. Ам «дын» ницы амоны, æрмæстдæр æвдисы дзурæджы ахаст, ома цæмæй йæм хъусджытæ лæмбынæгдæр хъусой, уый тыххæй йæ ныхасы «дын» авæрдта. Ам «дын» у хайыг. Хайыг «иу» хицæнæй райсгæйæ у бæрдон нымæцон «иу»-ы хуызæн, фæлæ хъуыдыйады æнцон иртасæн у. Бæрцон нымæцонтæ амонынц, цы предметты кой кæнынц, уыдон цал сты, уый. Хайыг «иу» та хъуыдыйады æвдисы, архайд бирæ хæттыты кæй цыди, уый. Зæгъæм: Дуармæ бадти иу лæппу. Ацы хъуыдыйады «иу» у нымæцон. Дуармæ-иу бадти лæппу. (Хайыг иу цы ныхасы фæстæ лæууы, уыимæ фыст вæййы дефисæй). (Ам та «иу» у хайыг). Хайыгтæ «та», «дæр», «æмæ», «куы» хицæнæй райсгæйæ сты бæттæгтæ та, дæр, æмæ куы-йы хуызæн, фæлæ хъуыдыйады хайыгтæн æмæ бæттæгтæн ис хицæн миниуджытæ. Хайыгтæ хъу ыдыйадæн кæнæ дзырдтæн дæттынц алыху ызон фæлгъу ызтæ, бæттæгтæ та бæттынц хъуыдыйады кæнæ дзырдты. Зæгъæм: Цуанон лæг мæрдтæм Хæстæгдæр лæууы, Йæ мард та уæлмæрдтæм Нæ хæццæ кæны. (Хетæгкаты Къ. «Чи дæ?»). Ацы ран «та» у бæттæг. Созырыхъо та нуазæн байдзаг кодта (Нарты кадджытæ). (Ацы ран «та» у хайыг). 248
УÆЛМЕС. Уый тыххæй Гадзойы бафарстон! ТЕЗАДÆ. Æмæ? УОЛМЕС. Æмæ ницы. (Гуырдзыбегты Б. «Æдылы»). Ацы диалогы «æмæ» у хайып Цæхх æмæ кæрдзынæй хъуаг нæ вæййæм. Ацы хъуыдыйады «æмæ» бæттæг у. Хайыгтæ сæ амындмæ æмæ, хъуыдыйады цы фæлгъуызтæ дæтгынц, уыдонмæ гæсгæ дих кæнынц фондз къордыл. Уыцы къордтæ дæр дих кæнынц хицæн хæйттыл. Фыццаг къордмæ хауынц ахæм хайыгтæ: амонæн хайыгтæ, дихгæнæн хайыгтæ, тыхджындæргæнæн хайыгтæ, разыдзинады хайыгтæ, фарстон-хъæрон хайыгтæ. Амонæн хайыгтæм хауынц ахæмтæ: мæнæ, дæлæ, далæ, уæртæ, уартæ, уæлæ, уалæ. Хайыг «мæнæ» амоны хæстæг предмет кæнæ та, дзурæг кæй кой кæны, уый. Уымæй уæлдай ма дзурæг хайыг «мæнæ»-йæ пайда фæкæны, цы дзуры, кæнæ цы фехъуыста, уымæ цы цæстæй кæсы, уый. Мæнæ лæг, æдцæмæ- ма акæс! Мæнæ цытæ дзуры, мæнæ! Хайыг «дæлæ» амоны, предметтæ хæхтæй дæлæмæ, кæнæ доны цæуæнырдæм. Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Къубалты Алыксандыр хайыг «дæлæ»-йæ пайда кодтой æрмæстдæр хæхтæй дæлдæр рæтты амонынæн. Зæгъæм: Дæлæ быдыры гутонджынтæ, нарты Уырызмæг сæ гутондар (В. Ф. Миллер, Словарь, 1). Дæлæ мигъы кæрон æмбырдтæ байдыдтой Мулдарты мыггагæн сæ усгур лæппутæ (Къубалты А. «Æфхæрдты Хæсанæ»), Хайыг «дæлæ» амоны уæлейæ дæлæмæ дæр, ома бæласы бын, адæймаджы къæхты бын æмæ афтæ дарддæр. (Лæппу, дæлæ зæххæй фæткъуы сис). «Далæ» амоны дард предметты, адæймаг цæстæй кæй нæ фæуыны, ахæмты. Далæ сæрбихъуырæйттæй рагъæн йæ тæккæ бын абадт зыгъарæг (Хетæгкаты Къ. «Рувас æмæ Зыгъарæг»). Уæдæ ма уал далæ мæ бур гал æмæ мæ сау гал баиргъæв - хæцынæй нал æнцайынц (Ирон аргъæуттæ). 249
Иуæй-иу хатт дзурæг хайыг «далæ»-йы бæсты фæзæгъы, дæлæ, дæлæ-йы бæсты та далæ. Кæрæдзийы фæивынц уымæн, æмæ сты хæстæг, сæ миниуджытæ сты иу. Дзурæг «далæ»-йы фæпайда кæны, цæмæй, цы фæамоны, уый бæлвырддæр уа. Гъейт-мардзæ! Сæр дын æвиппайды асхъиудта, далæ фæтулы йæ фæндаг-фæндаг!.. (Хетæгкаты Къ. «Хетæг»). Ам «далæ»-йы бæсты уыдис зæгъæн «дæлæ», фæлæ уæд Къоста цы зæгъинаг уыд, уый фæлæмæгъдæр уыдаид æмæ йæ чиныгкæсæг йæ зæрдæмæ афтæ арф нæ райстаид. Хайыг «уæртæ» ныхасы амоны хæстæг цы предметтæ ис, уыдоны. Уыцы предметгæ вæййынц амонæджы фарсмæ. Тезадæ, сбад, уæртæ дын бадæн! (Гуырдзыбегты Б. «Æдылы»), Лæппу кæсы - уæртæ иу хæдзары стыр куывд (ирон аргъау). Хайыг «уартæ» дæр амоны, фæрсырдыгæй цы предметтæ ис, уыдоны, фæлæ хайыг «уæртæ»-йæ уæлдай уый амоны дард предметты. Уартæ хæхты комы нарæджы хæлуарæг сæхгæдта йæ тынтæй. (Хъамбердиаты М. «Цин».). Хайыг «уæлæ» амоны адæймагæй бæрзонддæр кæнæ уæлдæр цы предметтæ вæййынц, уыдон. Уый æдде ма амоны алы бынат дæр хæхтæм æмæ цæугæ доны райдайæнырдæм. У æлæ бæрзондæй дæхи рауадз æмæ мызд айс, - загъта Аласа (аргъау). Диссаг та, уæлæ кæм бадынц лæг æмæ ус. (Хетæгкаты Къ. «Уæлмæрдты»). Хайыг «уалæ» амоны уæлоз цы предметтæ вæййы, уыдон. Уыцы предметтæ дзурæгмæ кæнæ зынынц, кæнæ нæ. Уалæ Инал дæр йæ урс бæхыл рацæуы (Хетæгкаты Къ. «Хетæг»). Уалæ Хъобаны сæрмæ бадынц Таймуразитæ. Дихгæнæн хайыгтæ сты: æрмæст, æрмæстдæр, канд, тæккæ, уæлдайдæр. «Æрмæст» ныхасы æвдисы дзурæг цæуыл дзуры, ома цы агуры кæнæ йæ цы фæнды, ууыл дызæрдыг куы фæкæны, уæд уый. Исты дзырд бæлвырдцæр куы фæкæны, уæддæр бафтауы йæ ныхасмæ уыцы хайыг. Иу ран куы фæхæст уой, уæд дзæбæх хай ратондзысты, уый æнæмæнг у, æрмæст ма дзы иу хъуыддаг ис. (Ирон аргъæуттæ). Æрхæсдзыстæм æрмæст иу хабар. 250
Хайыг «æрмæстдæр» дзурæджы фæндон æмæ бæллиц кæны тыхджындæр. Æрмæстдæр ма мæ иу лæппу куы уыдаид, æмæ мæ куы ницы уыдаид. Сосланы ма æрмæстдæр иу хатт куы федтаин æмæ гъа! Хайыг «канд» уæлдай бæлвырддæрæй æвдисы йæ фæстæ цы дзырд фæлæууы, уый. Абон лæджыхъæд канд махæн нæ, фæлæ фæстагæдтæн дæр царды йаргъ у («Хетæгкаты Къ. «Хетæг»). Канд ам нæ цардыстæм, цардыстæм ма хæхты дæр. Хайыг «тæккæ» хъуыдыйады дих кæны, ома хъуыдыйады уæлдай бæлвырд кæны, дзурæг цы дзырды æмбарын кæны хъусæгæн, уый. Гыцци, сæххæст нæ бæллиц, тæккæ райсом дын мæ диплом фенын кæндзынæн. Фарны хъуыддагæн цыбыр дзырд йæ аразæг, — тæккæ райсом дæр æрхонут уæ чындзы (Хетæгкаты Къ. «Хетæг»). Хайыг «уæлдайдæр» хъуыдыйады мидæг дих кæны, ома хъуыдыйады уæлдай хицæн кæны иннæ дзырдты æхсæн дзурæджы ахсджиагдæр хъуыды цы дзырд «æвдисы, уый. Цæуыннæ цæуыс, Бибо, махмæ, уæлдайдæр та дæ хомæ? Тыхджындæргæнæн хайыгтæ сты ма, дæр, æмæ, куы, и, уæдæ, уæддæр, бæгуы, бæгуыдæр, гъе, гьемæ. Ацы хайыгтæ хъуыдыйады арæхдæр фæлæууынц, цы дзырды тыхджындæр кæнынмæ хъавы дзурæг, уый разæй кæнæ та йæ хæд фæетæ. Уый æддейы ма ацы лайыгтæ тыхджындæр кæнынц хъуыдыйады кæнæ ныхасы, омабæлвырддæр кæнынц дзурæджы ахсджиагдæр хъуыды æмæ йæ уæлдай хуыздæр æвдисынц алы фæлгъуызтæй. Цы ма дын бакæнон, куы ницыуал мæ сæрæн зонын. (Дзесты К. «Тæрных»). Ацы хъуыдыйады хайыг «ма» тыхджындæр кæны йæ фæстæ цы зæгъинаг ис, уый. Зонын, - æргæвддзыстут исты, - мардыл ма чи дары ком? (Хетæгкаты Къ. «Зонын»). Хайыг ма ам тыхджын кæны Къостайы хъуыды æмæ йæ бæлвырддæрæй æвдисы. Иу бæх ма мæ мойæн дæр раттут æмæ у ый дæр ацæуа хъæдмæ (Бернард Мункачи). Ам хайыг «дæр» тыхджындæр кæны, йæ разæй цы дзырдтæ лæууы, уыдон, «мæ хойæн», «уый». Хайыгтæ «æмæ», «и», «гъе» литературон æвзаджы вæййынц æрмæстдæр диалогон ныхæсты æмæ тыхджындæр кæнынц 251
дзурæджы ахст. Цæуыл ма хъуыр-хъуыр кæныс, уæдæ? и? Не ’мбарын (М. Горький. «Васса Железнова»). - Гъе, уый дын дæ фыццаг фын («Иунæджы кадæг»). Гъе ’мæ ма уæдæ ныр фæкæс дæхимæ («Ирон аргъæуттæ»). Хайыгтæ «уæдæ», «уæддæр», «бæгуы», «бæгуыдæр» тыхджындæр кæнынц æнæхъæн хъуыдыйады кæнæ ныхасы мидис: бæлвырд кæнынц, дзурæг истæуыл разы у æви нæу, ома дзурæджы зæрдæйы ахаст исты хъуыддагмæ. Уæдæ фæндараст фæу дзæнæтмæ (А. Шифнер. Осетинские тексты). Цы равдыстат кадæн, зæгъут-ма уæддæр? (Хетæгкаты Къ. «Хъазтæ»). Йæ бонæй уа зæрдæ! - Куыд хивæнд у, куы! Зæгъ-ма йын æвзæр дæ! - Уырны йæ бæгуы! (Хетæгкаты Къ «Чи дæ?»). Ды разы дæ? — бæгуыдæр разы дæн! (Г. Тогузов. Грамматика осетинского языка). Дыгурон диалекты хайыг «уæдæ» нæй, уый бæсты арæх фæдзурынц дзырд «мадта». Разыдзинады хайыгтæ сты: «о», «гай-гъай» (гъай-гъай). Ацы хайыгтæй пайда кæнынц диалогон ныхасы, дыууæ кæнæ цалдæр дзурæджы куы фæныхас кæнынц, уæд. Æвдисынц хъусæджы кæнæ дзурæджы разыдзинад исты хъуыдцагыл, кæнæ ныхасыл. Дæуæн дæ фыд æфсады ис? - О! - цингæнгæйæ æмæ сæрыстырæй дзуапп радта Женя (А. Гайдар «Тимур æмæ йæ командæ»). Хайыг «о»-ма уымæй уæлдай æвдисы, ныхасгæнæг исты куы æрымысы рагон хъуыддæгтæй, уæд уый дæр. О, хæдæгай, куы мæ ферох ис. (Хъороты Д. «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди»). - Ды разы дæ? Ай-гъай дæн разы. Иуæй-иу хатт «о» æмæ «ай- гъай»-йы бæсты фæзæгъынц «афтæ» кæнæ «бæгуыдæр», æмæ уæд вæййынц разыйы хайыгтæ. Бибо, «о» куы зæгъай, уæд Лакатимæ бахæстæг кæндзыстæм, «нæ» - уæд та нæ алчи йæ фæрныг хæдзармæ ацæудзæн. Асиат. Афтæ у? Бибо: О, Агуыбечыр. Афтæ. (Брытъиаты Е. «Дыууæ хойы»). Ды разы дæ? Бæгуыдæр дæн разы. Дзургæйæ ма Хуссар Ирыстоны æвзаджы здæхтыты ис ахæм разыйы хайыгтæ: «æууæ», «гъоы», «уоы». 252
Ирон æвзаджы фарстон кæнæ хъæрон хъуыдыйæдты хайыгтæ сты «цы», «цымæ», «куыд». Багаты Никъала фарстон хъæрон хайыгтыл нымайы «цæй»- йы дæр. (Ирон æвзаджы грамматикæ 1, 1960, 218 ф.). Фæлæ «цæй» йе ’ууæлтæм гæсгæ æрмæст фарсты кæнæ хъæры нысан нæ дæтты. Хайыг «цæй» у разыдзинады хайыг. Хайыгтæ «цы», «цымæ», «куыд» хъуыдыйады вæййынц интонацимæ гæсгæ алы рæтты. Лæууы зæппадзы дуармæ Хæмыц, уæдæ цы! (Нарты таурæгътæ). Цымæ æнæ дæу кæм уыдаин афоимæ? Иу хъуыдыйады хайыгтæ «цы» æмæ «цымæ» куы вæййы, уæд фарстон интонаци кæны тыхджындæр. Цы хъæстытæ кæныс, цымæ? Хайыг куыд вæййы фарстон æмæ хъæрон хъуыдыйæдты. Куыд хорз у цард, тынгдæр та уалдзæджы! (Богазты У. «Адæймаджы амонд»), Цæугæ кæныс, æви куыд? (Аргъау). Дыккаг къордмæ хау ынц ахæм хайыгты ху ызтæ: æппæрццæг, разæнгарддзинады æмæ бирæхаттон хайыгтæ. Ирон æвзаджы æппæрццæг хъуыды фæзæгъæм æппæрццæг хайыгтæ «нæ», «на», «ма», «нал», «нæй», «нæма»-йы руаджы. Уыдон сæ нысаниуæгмæ гæсгæ дæр æмæ, хъуыдыйады куыд пайдагонд цæуынц, уымæ гæсгæ дæр кæнынц кæрæдзийæ хицæн. Хайыгтæ «на», «нæй»-йæ фæпайда кæнæм сæрмагондæй, зæгъинагимæ баст нæ уæвгæйæ. Хайыгтæ «нæ», «нал», «нæма» вæййынц æппæт здæхæнты дæр, фæдзæхстон здæхæнæй фæстæмæ. Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд, нæ зонын мæ мады рæвдыд (Хетæгкаты Къ. «Ракæс»). Хъуыдыйады дыууæ «нæ»-йы куы вæййы, уæд æвдисынц тыхджын æппæрццæг. Нæ, нæ, афтæ нæ уыди! Хайыг «нал» ныхасы æвдисы, раздæр цы хъуыддаг кæнæ архайд цы ди, уый кæй нал сазххæст уыдзæн, уый. Зæгъæм: Зæрдæ нал агуры хъазын (Хетæгкаты Къ. «Марходарæг»). Нал У ныр дæ фыд йæ сæрæн сау хæххон куыстæй (Хетæгкаты Къ. - «А-лол-ай!»...). Дыгурон диалекты «нал»-ы бæсты фæдзурынд «нæбал». 253
Хайыг «нæма» æвдисы, уæвинаг чи у, ахæм хъуыддаг кæй нæма сæххæст, уый. Зæгъæм: Нæ лæг нæма ’рбацыд. Нæма мæм ис æхца. Хайыг «ма» тынг арæх фæдзурынц, фæлæ ныронг йæ мидис, йе ’ууæлтæ æмæ цы ’вдисы хъуыдыйады, уын бæлвырд иртæст нæма æрцыди. Иуæй-иу æвзагыл кусджытæ хайыг «ма»-йы нымайынц æрмæстдæр æппæрццæг хайыгыл. (Багаты Н Ирон æвзаджы грамматикæ, 1-аг хай, Орджоникидзе, 1960, 216 ф.; К. Е. Гагкæв. Очерк грамматики осетинского языка Дзауджикау, 1952,91 ф.; Т. 3. Козырева. О категории наклонения в осетинском языке. Известия СОНИИ, 17 том, 264 ф.). Уый бынтон раст нæу. Æвзаджы æууæлтæм лæмбынæг æркæсгæйæ, «ма» æппæрццæг ми нæ, фæлæ æвдисы архайд нæ уадзыны (уромыны) мидис. Уый тыххæй фыццаджыдæр загъта Абайты Васо. (Осетинский язык и фольклор, 1 хай, 1949,419 ф.). Хайыг «ма» вæййы æргомон здæхæнæй фæстæмæ æппæт здæхæнты. Бадзырдон хуызы хъуыдыйæдты æвдисы æппæрц- цæг ми. Удæнцой ма фена, махæн нæ царды фæнд чи халы барæввæндæй! (Хетæгкаты Къ. «Салдат»). Хорз ма ракæ æмæ фыд ма ссарай (Æмбисонд). Иннæ здæхæнты хайыг «ма» æвдисы барнæдæттындзинад. Зæгъæм: Мыггагæй мæ ма фæрс Уæздан лæг нæ дæн; Мæ уындмæ мын ма кæс Нæ бæззын чызгæн. (Хетæгкаты Къ. «Чи дæ?»). Ацы рæнхъыты хайыг «ма» æппæрццæг ми нæ дæтты, дыууæ раны дæр амоны уромынад, нæуадзынад, ома нæ уадзы кæнын. Уымæ гæсгæ зæгъæн ис уый, æмæ ирон æвзаджы хайыг «ма»-мæ ис дыууæ миниуæджы - æппæрццæг æмæ бар нæ дæттыны миниуджытæ. Разæнгарды хайыгтæ сты: «цæй», «цæйут», «ма», «гъей» (гьæй). Хайыг «цæй» хъуыдыйады вæййы нырыккон æмæ суинаг афоны зæгъинæгтимæ 1-аг æмæ 2-аг цæсгомы. Цæй, Сырдон, 254
цом балцы. Ды ми кæныс, рацу. Цæй арæх вæййы хайыг ма-имæ дæр æмæ фæдзæхстон здæхæны лæмæгъ кæны. Бирæгъ сулæфыд, - Фервæзт нæрынчын?.. Хършъупп æм бадзырдта: «Цæй-ма, мæ мызд мын!» (Хетæгкаты Къ. «Бирæгъ æмæ хърихъупп»). Дзурæг хайыг «цæйут»-æй фæпайда кæны дыууæ кæнæ бирæ адæймæгтæ куы дзура, уæд. Цæйут, æфсымæртау раттæм нæ къухтæ (Хетæгкаты Къ. «Балцы зарæг»). Хайыг «ма» æдзухдæр лæууы зæгъинаджы фæстæ фæ- дзæхстон здæхæны æмæ лæмæгъдæр кæны сидæн. Ауай-ма къуыбырмæ, акæс-ма уырдыгæй (Къубалты А. «Æфхæрдты Хæсанæ»). «Гъей», (гьæй) разæнгардцзинадæй уæлдай ма æв- дисы дзурæджы зæрдæйы ахаст дæр. Быцæугонд хъæуимæ, Æмгартæй тæрсын... Гъей, зæрдæ, дæуимæ Кæй бон у хæцын?! (Хетæгкаты Къ. «Чи дæ?»). Цæмæй мивдисджытæ æнæххæст ху ыз æвдисой ивгъуыд æмæ суинаг афоны разæфтуантимæ, уый тыххæй ма мивдисæг æмæ разæфтуаны астæу æфтыд æрцæуы хайыг «цæй» (рацæйцыдтæн, рацæйцæудзæн, фæцæйцæудзæн, фæцæйдзырдта æмæ афтæ дарддæр (Ирон æвзаджы грамматикæ, 1 хай, 206 ф ). Бирæхаттон хайыгтæм хауынц «та» æмæ «иу». Бирæхаттон хайыгтыл нымайæн ис æрмæстдæр «та» æмæ «иу», уымæн æмæ уыдон æвдисынц, архайд бирæ хæттыты кæй цæуы, уый. Цымæ «та» нæ лæппу кæдæм ацыд (Дзесты К. «Тæрных»). Созырыхъо та нуазæн байдзаг кодта. Хайыг «иу» хъуыдыйады кæцыфæнды ран куы лæууа, уæддæр зæгъинагимæ баст у. Æвдисы, зæгъинаджы архайд бирæ хæттыты кæй цæуы, уый. Зæгъæм: 255
Цæмæн-иу мæм касти Мæ сæфт хуры хай? Цæмæн-иу фæраст и Мæрæзты чызгай? (Хетæгкаты Кь. «Чи дæ?»). «Иу» ноджыдæр æвдисы зæгъинаджы архайд дæргъвæтин кæй цæуы рæстæгмæ гæсгæ, уый. Нагъо æмæ Мисурæт кæрæдзийæ ницы сусæг кодтой хæдзары хъуыддагæй дæр, зæрдæйы уагæй дæр: искуы сæ-иу исчи исты ног хябар куы фехъуыста, уæд-иу цымыдисæй бауадис æмæ-иу æй адзырдта иннæмæн (Мамсыраты Д. «Дыууæ сыхаджы»). Хайыг «Иу»-мæ ма ис æндæр миниуæг дæр. Ирон æвзаджы фæдзæхстон здæхæны суинаг афон арæзт цæуы хайыг «иу»-ы руаджы. Уый фыццаджыдæр рабæрæг кодта Абайты Васо æмæ æрхаста ахæм цæвиттон: «Ракæн-иу, ракæ, йæ сагъæс дæ хъарæджы, аргæвд-иу хистæн нæ хъуг». Ацы хъуыдыйады тынг бæлвырдæй зыны, хайыг «иу» суинаг афонмæ кæй здахы архайд, уый. Къоста зæгъы: лæг куы фæмард уа, уый фæстæ-иу ракæ хъарæг, стæй-иу аргæвд хъуг, зæгъгæ. Æрхæсдзыстæм ма ноджыдæр ахæм примертæ: Ракæ-иу мыл хъарæг, «уæ, мæ бон-иу зæгъ, - байстой нын нæ зæхх!» (Хетæгкаты Къ. «Азар»!). Ма ныууадз Мулдартæн ацы хæрамдзинад! Райс-иу Хъуыдайнатæй саударæг мады æфхæрд (Къубалты А. «Æфхæрдты Хæсанæ»). Хайыгты руаджы суинаг афон ирон æвзаджы хуымæтæджы нæй, фæлæ ис æвзаджы историон рæзты æгъдæутгæм гæсгæ. Ирон æвзагмæ хæстæгдæр цы ’взæгтæ уыдис сæ равзæрдмæ гæсгæ (согдиаг æмæ хорезмиаг), уыдоны дæр хайыгты руаджы арæзт цыди фæдзæхстон здæхæны суинаг афон (А. А. Фрейман. Хорезмийский язык. Материалы и исследования, 1951, 40 ф.). Цыбыр дзырдæй: ирон æвзаджы хайыг «иу»-ы руаджы арæзт цæуы фæдзæхстон здæхæны суинаг афон. 3-аг къордмæ хауынц ахæм хайыгты хуызтæ: ныхас аивдæр- гæнæг, искæй ныхæстæ æвдисæг æмæ абарæн хайыгтæ. 256
Ныхас аивдæргæнæн хайыгтæ сты «а», «бæргæ», уæвгæ», «дын». Адон зæгъинаджы архайд æвдисынц аивæй, лæгъзæй, цæмæй ныхас æнцондæр æмбарæн уа, стæй дзурæджы зæрдæйы ахаст, йæ фæндон, йæ курдиат, йе ’нкъарæнтæ бæрæгдæр уой. Тынг лыстæг фæлгъуызтæ ис ацы хайыгтæн ныхасы. Зæгъæм: Бирæгъ цæуы, цæуы æмæ та рувасы иу ран куырой аразгæ баййæфта. - А, ныр мын сар дæ сæр кæны! - А, Уæрхæджы фырт, кæдæм мын лидздзынæ ныр. (Нарты таурæгътæ). Фыдæй фыртмæ нæ уд, нæ зæрдæ Дæ рухсæн хъардзыстæм, бæргæ Фæлæ та сагъæссаг нæ сæртæ Дæ фæстæ чи баззад кæугæ... (Хетæгкаты Къ. «Марды уæлхъус»). Кæд раирвæзын сæ бон бауа, уæвгæ ууыл зæрдæ дарæн тынг нæй, фæлæ, уæд тæккæ райсом Хæдзарæгоны суæгъд кæнынæн исты хос кæнын хъæуы (Мамсыраты Д., «Æхсарбег»). Хайыг «дын» ма инггæ хайыгтæй уæлдай æвдисы уый, æмæ цæмæй ныхасгæнæгмæ дзæбæхдæр хъусой. Зæгъæм: Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, Тæккæ былгæрон, Дурыл авæрдта йæ къæхтæ, — «Агæпп æм кæнон». (Хетæгкаты Къ. «Æррæ фиййау»). Искæй ныхæстæ æвдисæг хайыгтæ сты дыууæ: «зæгъгæ» æмæ «дам». Дзурæг искæй ныхæстæм гæсгæ куы фæдзуры, уæд йæ ныхасы фæзæгъы ацы хайыгтæ. Фыдтæ хæргæ, стджытæ уæйыгæн æппаргæ - адон та дзы дæу, зæгьгæ (Аргъау). Лæджы, дам, бас куы басудзы, Уæд фу кæны йæ доныл дæр... (Хетæгкаты Къ. «Æхсины лæг»). Æз, дам, Нарты Уырызмæг дæн. Мах, дам, ларсаг стæм. Ирон æвзаджы ис иу абарæн хайыг - «цыма». Æвдисы, кæй кæнæ цæй кой цæуы, уый истæимæ барст куы фæцæуы, уæд уый. Исчи 257 17
йæ федта цы искуы хæцæнгæрзтæ даргæ ныры онг? Раст цыма схъомыл ис топпимæ, кардимæ! (Хетæгкаты Къ. «Уæлмæрдты»). У ый æддейы ма хайыг «цыма» æвдисы, æххæст æмбæрстгонд цы нæ вæййы, уый дæр. Куыддæр цыма æнæниз нæ дæн (М. Горький. «Васса Железнова»). 4-æм къордмæ хауынц сидæны æмæ ныхасы фæлгъуызтæ æвдисæг хæйттæ. Ирдон æвзаджы сидæны хайыгтæ сты: «йæ», «йе» «гъе», «уæ», дзурæг сæ фæпайда кæны искæмæ кæнæ истæйы кой куы фæкæны, зæрдæмæ куы фæцæуы, науæд та искæмæн тæригъæд куы фæкæны, уæд! Зæгъæм: Йæ, мæ бон, цы фæдæ?.. Мæудыхай, чызгай! (Хетæгкаты Дауыт. Уагрныстæ). Гъе, мæгуыр куырм Бибо! Гъе, мæгуыр зæронд лæг! (Къубалты А. «Æфхæрдты Хæсанæ»). Ныхасы фæлгъуызтæ цы хайыгтæ æвдисынц, уыдонмæ ахæссæн ис «æниу», «æвæдза», «ноджы», «уал», «омæ», «миййаг». Ацы хайыгтæ ныхасы æвдисынц зæрдæйы æнкъарæн фæлгъуызтæ. Зæгъæм: Æниу æз дæуæй хъаст нæ кæнын (Тогуызты Г.). Æвæдза, нæ фесæфт хуыздæр у. Уайсадæг чындзау мын ноджы ныкъкъæмдзæстыг (Хетæгкаты Къ. «Ахуыр»). Загъта, - фос уал ам мæ сæрмæ хизæд уæзæгыл... (Хетæгкаты Къ. «Æрра фиййау»). Омæ дын цæмæй баххуыс кæнон, куы ницы мæм ис! (Ирон радзырдтæ). Куы раст кæнай, миййаг уазæг, уæд-иу фæфæндараст у. 5-æм къордмæ хауынц, ног дзырдтæ цы хайыгты руаджы сырæзынц, уыдон: «ис-», «ни-», «дæр», «ма-», «нæ»-. Хайыг «ис»-ы руаджы арæзт цæуынц æбæлвырд номивджытæ æмæ æбæлвырд фæрсдзырдтæ. Чи исчи, кæцы - искæцы, кæм - искæм, кæдæм - искæдæм, кæцæй - искæцæй, куыд - искуыд. 258
Хайыг «ни»-йы руаджы аразынц æппæрццæг номивджытæ æмæ æппæрццæг фæрсдзырдтæ. Ни - ничи, цы - ницы, кæцы - никæцы, кæй - никæй, куы - никуы, кæд - никæд, кæм - никæм, кæдæм - никæдæм. Дæр-ы руаджы рæзынц æбæрæг номивджытæ: чи - чидæр, цы - цыдæр, кæцы - кæцыдæр, цал - цалдæр. «Ма»-йы руаджы та - æбæрæг номивджытæ, æбæрæг фæрсдзырдтæ æмæ ног дзырдтæ æппæрццæг мидисимæ. Зæгъæм: чи - мачи, цы - мацы, кæцы- макæцы, куы - макуы, кæд - макæд, мауал, магуса (ма - куса-йæ), мадзура. Хайыг «нæ»-йы руаджы рæзы ног дзырдтæ æппæрццæг мидисимæ: нæбарон, нæцæрон, нæбæззон, нæуынон, нæуæндаг, нæфæразгæ, нæфæтджиаг, нæвæндонæй æ. а. дард- дæр. 259
1961 ^. Фе*. Хæблиаты Сафар «СЫГЪЗÆРИН ПРАГÆ» (Бæлццоны боныгæй) Райсомæй раджы бахæццæ стæм Чехословакийы арæнмæ. Поезд цы дæлвæзыл цæуы, уый у æнæкæрон комы хуызæн, йæ фæйнæфæрсты уæларвмæ фæцыдысты хъæдæй æмбæрзт бæрзонд хæхтæ. Фæндаджы фæйнæфæрсты словакаг хъæутæ, хуры ирд тынтæм тæмæнтæ калынц агуыридурæй æмбæрзт чъырæйцагъд хæдзæрттæ. Изæрдалынгтæм æввахс Прагæмæ фæхæццæ кæнæм. По- езд фæсындæгдæр кодта йæ цыд; чысыл æддæдæр, асфальтæй æмбæрзт уæрæх фæндагыл згъоры фылдæрæй-фылдæр авто- машинæтæ. Æмæ мæнæ, æппынфæстаг æрбазындысты Прагæйы кремль æмæ Виты аргъуан. Тæлмацгæнæг Яна Шимункова у уырыссаг æвзаджы ахуыр- гæнæг горæтгæрон скъолатæй иуы. Æрбакодта нæ университеты æмдзæрæнмæ; студенттæ цалынмæ каникулты сты, уæдмæ æм- дзæрæнæй арæзт æрцыдис дунеон фæсивæдон туризмы базæ. Кæд цыфæнды фæллад бакодтам æмæ æнафон уыдис, уæдцæр, нæхи тагъдгомау æрæхсгæйæ, рацыдыстæм уынгмæ. Горæт скодта бæрæгбоны дарæс. Спартакиадæ райдыдта: цæрæн хæдзæрттыл, рагон галуантыл æмæ мæсгуытыл фæйлауынц Чехословакийы Социалистон республикæйы æмæ Советон Цæдисы тырысатæ; кæсæм: лозунгтæ «Советон Цæдисимæ æнустæм иумæ!» Тæмæнтæ калынц иллюминацийы цырæгътæ, алы балкъон æмæ рудзынгыл дæр - дидинджытæ. 260
Диссаджы рæсугъд горæт Прагæ у чехты бирææнусон историйы цардæгас æвдисæн; незамантæй нырмæ дзы баззадис бирæ архитеюурон цырддзæвæнтæ. Горæты зæронд хайы нарæг уынгты фæцæйцæугæйæ, адæймагмæ афтæ кæсы, цымаастæуккаг æнусты нывгæнджыты уацмысты равдыстмæ бахаудтæ. Рагон заманы тæфаг цæуы номдзыд Карлы хидæй, уый дурæй амад æрцыдис цыппæрдæсæм æнусы. Стдæсæм æнусы райдианы хидыл сæвæрдтой, йæ хуыз ын бынтон чи срæсугъд кодта, ахæм фынддæс дывæр скулыпурон къорды. Хидæй кæсгæйæ, хорз зыны чехаг кремль Градчаны йæ галуантæ æмæ йæ аргъуантимæ; доны рахиз фарсмæ акæсгæйæ та - бæстæйы кулыурæйы рæзты стыр ахадындзинад кæмæн ис, уыцы Националон театр. Чехаг адæмон хъæбатыр Ян Гусы цырт афтæ арæзт у, æмæ йæм æхсæвыгон куы кæсай, уæд цыма артыл судзы, уыйау зыны. «Сыгъзæрин Прагæйы» рæсугъдцæр кæнынц Ратушæйы сæйраг мæсыг, Вацлавы уæрæх фæз, Националон музейы бæстыхай æмæ æнæкæрон бирæ мæсгуытæ æмæ рагон бæстыхæйттæ. Дыккаг бон уыдыстæм Владимир Ильич Ленины музейы. Чехословакийы столицæйы намыс фидар баст у йæ революцион хъæбатырдзинадимæ. Прагæйы астæу, Гиберны уынджы ис æппагт дунейы фæллойгæнджытæн дæр зындгонд чи у, уыцы Адæмон хæдзар. Уымæн йæ ныхæй зыны цытджын Ленины барельеф. Барельефы бынмæ чехаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл фыст: «Ацы ран 1912 азы январы уыдис, Владимир Ильич Ленин разамынд кæмæн лæвæрдта, уырыссаг большевикты уыцы конференци. Конференци бындур сæвæрдта ног хуызы партийæн - ленинизмы партийæн, большевикон партийæн». Владимир Ильичы музей Прагæйы цæрджытæн у сæ тæккæ кадджындæр бынæттæй иу Гиберны уынджы Адæмон хæдзар арæзт æрцыдис цалдæр æнусы размæ, ис ын бæзджын къултæ æмæ бæрзонд цартæ. Ссæдзæм æнусы райдианы ам уыдис чехаг социал-демократон партийы секретариат æмæ типографи, мыхуыр дзы кодтой газет «Право лиду». 261
Уырыссаг большевикты партион конференци кæм куыста, у ыцы агъу ыст фæстæдæр йæ рудзгу ыты нымæцмæ гæсгæ дихгонд æрцыдис æртæ чысыл къæнцыларыл. 1945 азы майы уыцы къæнцылартæй иуы æвæрд æрцыд Владимир Ильичы портрет æмæ йæ схуыдтой «Ленины уат». Чехословакийы хицауады уынаффæмæ гæсгæ, бæстыхай рацарæзтой, конференцийы куысты заман куьщ уыдис, уыцы хуызы. Бæстæйы хуыздæр скульптортæ хæдзары ных сфæлгонц кодтой, Ленины цард æмæ революцион архайд чи æвдисы, ахæм нывтæй. 1953 азы февралы Клемент Готвальд байгом кодта музей. Уæдæй нырмæ ардæм æнæсцухæй цæуынц кусджытæ, службæгæнджытæ, зæхкусджытæ, интеллигенттæ, фæсивæд, сывæллæттæ. Ныртæккæ музейы ссæдз уаты ис 1700 документы, хуызисты, Ленины уацмыстæ. Большевикты партион конференци кæм уыдис, уыцы «Ленины уатæй» уæлдай музейы ис, прагæйаг скъоладзаутæ пионерты рæнхъытæм цæугæйæ, кадджын дзырд кæм фæдæттынц, ахæм уат... - Фыццаг хатт Владимир Ильич Прагæмæ æрбацыд 1900 азы, - дзуры дарддæр экскурсовод. - Паддзахы Уæрæсейы йын фæцæрæн куыд нæ уал уыдис, уымæ гæсгæ агуырдта, кусæг къласы тохæн разамынд кæцæй лæвæрдтаид, ахæм бынат. Дыккагхатт ЛенинПрагæйыуыдис 1911-1912 азты, разамынд лæвæрдта партийы æхсæзæм конференцийæн. Конференцийы бынатæн æвзæрст æрцыдис Гиберны уынджы Адæмон хæдзар. Фæссихор ацыдыстæм Страговы стадионмæ. * * * Нæ тæлмацгæнæг Яна Шимунковаимæ фæрсæй-фæрстæм бадæм Хурныгуылæйнагтрибунæйы æмæ мыну ый дзуры, зæгъгæ, стадионы сарæзтой хæсты размæ, æппæтнацион спортивон ерыстæ æрвитынæн æмæ фæстæдæр æрцыдис уæрæхдæргонд æмæ реконструкцигонд. Дæсгай мин спортсментæ уыцы иу рæстæджы кæм фæархайынц, уыцы стадион хъуамæ техникон æгъдауæй уа хорз ифтонггонд, физкультурон упражненитæ аивæй æххæст кæнынæн. Зæгъæм, стадионы æппæт фæзы дæр 262
зæххы бын æвæрд ис мингай тыхджын репродуктортæ. Уыдон фадат дæттынц, музыкæйы зæлтæ стадионы кæцыфæнды къуыммæ дæр уыцы иу рæстæг хæццæ кæнынæн. Стадионы фарсмæ арæзт ис, спортсментæ сæ дарæс кæм ивой, ахæм фараст бирæуæладзыгон хæдзары. Се ’хсæнты цæуы бетонæй конд уæрæх фæндаг, ам спортсментæ æрæмбырд вæййынц стадионмæ рацæуыны агъоммæ. Алкæйы дæр дзы ис телефон, радио, водопровод, хæрæндæттæ, спортсменты домæнтæ æххæст кæнæн комбинат. Гъе уыцы егъау физкультурон фæзы фондз азæй-фондз азмæ вæййы æркаст бæстæйы спортивон æмæ физкультурон æнтыстдзинæдтæм, аразы сæ физкультурæйы чехословакаг цæдис. Спартакиадæйы бындур сты адæмы æхсæн бирæ азты дæргъы кадджын чи у, уыцы гимнастикон упражненитæ. Зæххы бын цы репродуктортæ ис, уыдоны мелоди спортсментæн амоны сæ алы фезмæлд дæр æмæ дзы иу адæймаг дæр къуыхцы нæ кæны. Æртыккæгæм июлы Вацлавы фæзы уыдис спартакиадæйы 200 мин архайæджы парад, уыдонæн сæ дзæвгар хай цыд национ дарæсы. Парад райдыдта райсомæй аст сахатыл æмæ ахаста фæссихортæм. Уыди хуыцаубон, æмæ горæты уынгтæ æмæ фæзтæ байдзаг сты фæлладуадзæг адæмæй. Се’ппæтæн дæр ис ахæм зæрдæхæлар æмæ хъæлдзæг цæстæнгас, æмæ адæймаджы фæнды алкæмæн дæр салам раттын. Парады рæстæг горæты астæу æгъдау æвæрдта адæмон милицæ. Уыдон сты Прагæйы заводтæ æмæ фабрикты кусджытæ, ис сыл хуымæтæджы цъæх дарæс, сæ астæутыл фæтæн рæттæ, сæ сæртыл та сау береттæ. Физкультурон колоннæты хæрз æрыгон лæппутæ æмæ чызджыты фарсмæ фенæн ис урссæр нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Фæсивæды æмæ ацæргæ адæмы хъæлдзæг, зæрдæрухс цæсгæмттæм кæсгæйæ, бæрæгу, ацы адæм сæ цардæй разы кæй сты, иннæ адæмтимæ дæр сæ хæларæй цæрын кæй фæнды, уый; уыдон ныфсджынæй цæуынц сæ рухс фидæнмæ. Готвальды номыл автомобилон заводы ахуыргæнæг Изабелла Радовильская, электромеханик Галина Ротова æмæ æз бирæ 263
фæныхас кодтам слесыр Виктор Зоуфалимæ. Йæхæдæг нæм æрбацыдис, Кавказæй стæм, уый куы базыдта, уæд. - Кавказмæ æз дыууæ хатты бахаудтæн, - загъта Виктор. - Фыццаг хатт хæсты размæ - футболон командæйы хъазыдтæн, афтæмæй, дыккаг хатт та хæсты заман Ирыстоны æмæ Кæсæджы уыдтæн сырхæфсæдцоны дарæсы... Прагæйы æппæтæй фылдæр уæ зæрдæмæ цы фæцыдис? - æппынфæстаг нæ бафарста Виктор. - Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ адæм, - æмхъæлæсæй дзуапп радтам мах. - Нæхимæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыстам, уæ горæты уын «Сыгъзæрин Прагæ» кæй хонынц, æмæ ныр нæхæдæг базыдтам, афтæ йæ цæмæн схуыдтой, уый: йæ цæрджытæ æцæг сыгъзæрин адæм сты. Æмæ æцæгæйдæр, цалынмæ Прагæйы уыдыстæм, уæдмæ æдзух фиппайдтам, куыд хæларæй æмæ æфсымæрон цæстæй кæсынц йæ цæрджытæ советон адæймагмæ. Хатгай ма нæ-иу рох дæр бацис, фæсарæнты стæм, уый. - Афтæ, афтæ, - сразы ис немæ Виктор дæр. - Нæ адæм стыр разы сты Советон Цæдисæй: уый нын æрхаста сæрибардзинад æмæ рухс цард мин фарастсæдæ цыппор фæндзæм азы. 1945 азы 5-æм майы Прагæйы фæллойгæнджытæ æд хотыхтæ сыстадысты гитлерон фыдгæнджыты ныхмæ. Чехословакийы зæххыл фашистон æфсады командыгæнæг фельдмаршал Шернер артиллери æмæ танкæтæ аппæрста Прагæмæ. Шернер йæ размæ сæвæрдта хæс: горæт зæххы цъарæй фесафын æмæ архайдта йæ дзырд сæххæст кæныныл. ...Знаг бырста Прагæмæ, горæтæн тас уыдис ныппырх кæнынæй. Радиойæ æнæрынцойæ хъуысыди: - Дзуры Прагæ, дзуры Прагæ! Фервæзын нæ кæнут, хæлæрттæ! Фервæзын нæ кæнут!.. Æмæ ирвæзынгæнджытæ æрбахæццæ сты... Советон танкистты Фæзы айнæгдурæй цæджындзыл лæууы уæззау танк, йæ фарсыл сырх стъалы æмæ номыр «23». Уыцы танку, Крушнейы хæхтыл ахизгæйæ, уалдзыгон райсом Прагæмæ чи бабырста æмæ Чехословакийы столицæ чи фервæзын кодта, уыдонæй иу. Танкы бынмæ цæджындзы уæлæ æфсæн фæйнæгыл фыст ис: «1945 азы фарæстæм майы уырыссаг танкисттæ - 264
гвардионтæ немыцаг оккупанттæй суæгъд кодтой горæт Прагæ» æмæ дардцæр фыст сты хъæбатырты нæмттæ. Иннæ фарсыл та: «Æнустæм намыс, Райгуырæн бæсты сæраппонд сæ сæртæ нывондæн чи æрхаста, инæлар Лелюшенкойы æфсады уыцы танкисттæн - гвардионтæн. 9.05.45 аз». Цырддзæвæны бынмæ, дидинджыты æхсæн хъазынц чысыл сабитæ. Прагæйы цæрджытæн уæлдай зынаргъдæр у Олыпаны уæлмæрд. Йæ астæу - бæрзонд цырт: бронзæйæ конд советон æфсæдцон цинелы мидæг, йе ’ккойы фондзæхстон. Иннæрдыгæй дæр лæууы салдат, йæ къухы автомат афтæмæй, цырты уæлæ ис майдан «Прагæ ссæрибар кæныны тыххæй». Цырты уæлæ фыст: «Æнустæм намыс Советон Райгуырæн бæстæйы кад æмæ хæдбардзинады, стæй чехословакаг адæм фашизмæй фервæзын кæныны сæраппонд сæ цард нывондæн чи æрхаста, Сырх Æфсады уыцы хæстонтæн. 1941-1945 азтæ». Йæ алфамбылай - гранитæй амад сæдæгай ингæнтæ, алкæуыл дæр аив цырт. * * * Райсомæй суанг изæрдалынгтæм зылдыстæм Прагæйы уынгты, зонгæ кодтам йæ архитектурæ æмæ историон хæзнатимæ. Влтавæйы сабыр донмæ бæрзондæй кæсы Градчаны — Прагæйы Кремль. Ам ножды ис, Чехословакийы адæм сæрыстыр кæй архитектурæйæ сты, уыцы Виты аргъуан. Лæг кæсынæй не ’фсæды, уæларвмæ чи фæцыдис, уыцы цæджындзтæм æмæ мæсгуытæм, алыхуызон æвгтæй конд рудзгуытæ хæццæ кæнынц аргъуанæн йæ цардæй суанг йæ бынмæ. Ам ис æвзист æмæ мраморæй диссаджы рæсугъд скульптурæтæ æмæ цыртытæ. Сæдæгай азты дæргъы аргъуан сфæлгонц кæныныл куыстой бæстæйы хуыздæр скульптортæ æмæ нывгæнджытæ. Автобус нæ схæццæ кодтаВышеградмæ. Ам ис Чехословакийы национ пантеон, ныгæд дзы сты бæстæйы номдзыд фысджыты æмæ композитортæ. Мæнæ бронзæйæ чиныг. Кърандас. Уый у фæллойгæнæг адæмы фыссæг Сватоплук Чехы цырт. Уымæн йæ 265
уацмыстæ бирæ уарзынц канд йæхи райгуырæн бæстæйы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Курдиатджын фыссæг, юморист Карел Чапекы цырт у айнæгдурæй конд. Чапекы роман «Саламандрæтимæ хæст» хорз зонынц советон чиныгкæсджытæ. Цытджын чехаг поэт Ян Нерудайы æмдзæвгæтæ, зарджытæ æмæ повесттæ тæлмацгонд сты уырыссаг æвзагмæ дæр. Нерудайы уацмысты се ’ппæты дæр ныхас цæуы чехаг фæллойгæнджыты цардыл. Йæ уацмысты сæйраг темæ у райгуырæн бæстæ æмæ фæллой уарзын. «Дæс царды мын куы уаид, уæддæр се ’ппæты дæр раттин чехаг фæллойгæнджыты хорздзинадæн», - фыста поэт. Уымæн дæр йæ цырт ис ацы пантеоны. Айнæгдурæй амад парамидæйы уæлæ фыссæг Божена Немцовайы ныв, йæ номдзыд «Нана»- йы иллюстрацитæ. Ног Чехословакийы стыр аргъ кæнынц Немцовайы сфæлдыстадæн, йæ «Словакаг царды нывтæн», «Адæмон аргъæуттæн», «Хъæддаг Барайæн» æмæ иннæ чингуытæн. Фæрсæй-фæрстæм композитортæ Бедржих Сметанайы æмæ Антонин Дворжакы ингæнтæ. Чехаг Цытджын композиторты æмæ фысджыты ингæнты цур кæддæриддæр вæййы бирæ адæм, сæ нæмттæ æмæ се сфæлдыстад рох не сты ног Чехословакийы фæллойгæнджытæй. Сæ рухс зæрдæ æмæ сыгъдæг зонды хъаруйæ уыдон фæллойгæнæг адæммæ сидтысты рухс фидæнмæ. Боны дыккаг æмбисы ауындзгæ фæндагыл схызтыстæм Петржины хохмæ. Ам ис, ивгъуыд æнусы арæзт чи æрцыд, ахæм æртиссæдз метры бæрзонд æфсæн мæсыг; мæсыгæй ныртæккæ пайда кæны Прагæйы телевизион центр. Горæт дзы хорз зыны. Бирæ фæкастыстæм Прагæмæ, Влтавæйы фæйнæфарс цы обæуттæ лæууы, уыдонмæ - Вышеградмæ, Витковы хохмæ, Кремлы мæсгуытæм, номдзыд аргъуантæм, Влтавæйы ауыгъд хидтæм. Уæртæ Националон театры бæстыхай, национ сæрибардзинады цырт Витковы хохыл, йæ размæ æфсæн барæг- Ян Жижка. Хохы бынмæ та Жижков - горæты рагондæр хай. Æризæр. Горæтмæ цалынмæ хæццæ кæнæм, уæдмæ куы иу ран, куы иннæ ран ссудзынц электрон æмæ неоны цырæгътæ. 266
фучикы номыл егъау парк адæмæй æмызмæлд кæны: хъазынц сывæллæттæ, кафынц фæсивæд, ацæргæ адæм сæ фæллад уадзынц. Вацлавы уæрæх фæз йедзаг у тезгъогæнæг нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæй. * * * Чехословакийы фæсивæды Цæдис нын экскурси сарæзта Млада Болеславмæ, автомобилон завод «Шкодамæ». Лæгъз дурæй арæзт фæндагыл сахат æмæ æрдæджы бæрц куы фæцыдыстæм, уæд бахæццæ стæм чысылгомау, сыгъдæг горæтмæ. Заводы конференц-залы не ’рбацæуынмæ æрæмбырд сты дирекцийы, партион, профцæдисон æнæ фæскомцæдисон организациты разамонджытæ. - Директор уæ хатыр куырдта, — зæгьы партион комитеты секретарь. - Тынг æй фæндыдис сымахимæ фембæлын, фæлæ йæм райсомæй фæсидтысты Прагæмæ, партийы Центон Комитетмæ. Заводы цехтыл æрзилыны агъоммæ нæ базонгæ кодтой куыстуатимæ, цы продукци уадзы, уыимæ, кусджыты цардимæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй, Млада Болеславы завод у бæстæйы автомобилон промышленносты тæккæ рагондæр куыстуæттæй иу. 1905 азы уый рауагъта фыццаг автомобилтæ, уымæй размæ та дзæвгар рæстæг арæзта велосипедтæ. 1925 азы завод баиу ис Шкодайы концернимæ æмæ уæдæй нырмæ уæрæхдæр æмæ техникон æгъдауæй ифтонгдæр кæны. Ныртæккæ завод у, дæс мин адæймаджы кæм кусы, ахæм егъау куыстуат, уадзы æхсæзхуызон рог автомобилтæ. Уæй сæ кæнынц 70 бæстæйæн. Алы бон дæр завод уадзы 160 автомашинæйы, фондзазоны кæронмæ та уадздзæн цыппарсæдæ автомобилы, иукъорд цехы реконструкци кæнынц æмæ ног аразынц. Заводы сæйраг цехтыл зилгæйæ, æз æмæ нывгæнæг Хъаныхъуаты Умар чехаг инженер, техникон наукæты кандидат Владимир Баныйримæ нæ къордæй фæсте аззадыстæм æмæ дарддæр цыдыстæм æртæйæ, фадат нын фæцис куыстуатыл биноныгдæр æрзилынæн. Владимир Баныйр хорз зыдта 267
уырыссагау æмæ нын бæстæйы промышленносты тыххæй радзырдта мæнæ ахæм хъуыдытæ: - Капитализмы заман нæ промышленность уыдис фæсарæйнаг монополистты къухы æмæ æмхуызон нæ рæзыдис. Йæ размæ йын æвæрдтой цæлхдуртæ. Рог промышленность, уæлдайдæр, хъуымацуафæн промышленность уыд зындæр уавæрты. Хомаг ластой æндæр бæстæтæй æмæ нын уый дæр нæ хурхыл хæцыд. Ныр, адæмон хицаудзинады азты дæргъы арæзт æмæ реконструкцигонд æрцыд къорд куыстуаты. Уый у стыр къахдзæф размæ. Æрмæст нæм машинæтæаразæн заводтæ ног арæзт æрцыдис æппынкъадцæр 40. Иу адæймаджы хыгъдмæ электрон тых дæттыны хъуыдцаджы мах фæсте фæуагътам Франц æмæ Италийы, æндон уадзынæй та Францы æмæ Швецийы, æмæ ныр феййафæм Англисы. Ахæм зæрдиаг ныхас кæнгæйæ ныл рæстæг куыд згъоры, уый æмбаргæ дæр нæ кæнæм. * * * Карловы Варымæ фæндаг цæуы Кладнойыл, сæ революцион тохæй рагæй-æрæгмæ дæр зындгонд чи у, уыцы шахтёрты æмæ металлургты горæтыл. Кладнойы алфамбылай уæрæх дæлвæзмæ куы акæсай, уæд дзы зынынц æвзалыйы рæгътæ, заводты трубатæ. Кладнойæ Карловы Варыйы æхсæн ис чехословакаг хуымæллæджы быдыртæ. Зæххы егъау гæбæзтыл, сæнæфсиры михтау, сагъд сты телыхъæдтæ. Уыдон кæрæдзимæ баст сты фидар синагæй æмæ телæй. Тел æмæ синаг уагъд сты зæхмæ дæр æмæ сыл хилы хуымæллæг. Ласынц æй бæстæйы бæгæныфыцæн заводтæм. Хуымæллæг уæй кæнынц фæсарæйнаг бæстæтæн дæр. Фæндаджы фæйнæфарс гæрзæй-гæрзмæ сагъд ис фæткъуы, бал æмæ чылауи бæлæстæ: цыма егъау дыргъдоны астæуты цæуы, адæймагмæ афтæ кæсы. Карловы Вары у чысыл рæсугъд горæт цæугæдон Теплæйы дæлвæзы, сæ хъæбысы йæ æрбакодтой хъæдæй æмбæрзт хæхтæ. Зæххæй хæрдмæ цыхцырæгæй цæвы, йæ температурæ 72 градусмæ кæмæн хæццæ кæны, ахæм суар - «Шпрудель». Ацы суары хабар дæр мын ракодтой. 268
Æхсæз æнусы размæ къарол Карл цыппæрæм, хъæды цуан кæнгæйæ, фæцæф кодта сæгуыт. Цæф сырды куыйтæ сæ хъæлæсы рахастой, æмæ йæхи аппæрста бæрзонд айнæгæй, ныххауди раст уыцы хъарм доны гуырæнмæ. Суар æвдадзы хос разынд: сæгуытæн йæ хъæдгæмттæ бадзæбæх сты æмæ, донæй сгæпп кæнгæйæ, хæхтæм афардæг. Къарол дзырд радта ацы ран горæт саразын æмæ рынчынты дзæбæх кæныны тыххæй. Афтæ у курорт сæвзæрыны таурæгъ. Горæт денджызы æмвæзадæй у дзæвгар бæрзондцæр. Дæлвæз цæгатырдыгæй хæхтæй æхгæд нæу æмæ дзы боныхъæд ивы арæх - райсомæй изæрмæ цалдæр хатты рауары æмæ та хур ракæсы. Горæт у тынг сыгъдæг, аив, æнæуынæр, хи дзæбæх кæнынæн дзы ис æппæт фадæттæ дæр. Афæдзы дæргъы Карловы Варыйы фæллад уадзынмæ æмæ дзæбæх кæнынмæ вæййы дæс мин адæймагæй фылдæр. Йæ заманы ам уыдис Петр Фыццæгæм дæр. Цыппаруæладзыгон бæстыхайы къулыл фыст ис: «Ацы ран цы хæдзар уыд, уым 1711 æмæ 1712 азты цардис цытджын паддзах Петр». Карловы Варыйы ис бирæ хорз фæлгонцгонд уазæгдæттæ, фыццаг дзы-иу сæ фæллад уагътой мулкджынтæ, ныртæккæ та- шахтертæ, металлургтæ, хъуымацуафджытæ. * * * Иуахæмы Яна Шимунковайæн загътам, чехословакаг хъæу нын фенын кæн, зæгъгæ. Ахуыдта нæ йæ райгуырæн хъæу Велка - Скухлямæ, Прагæйæ цалдæр километры æддæдæр. Ам фембæлдыстæм хъæуы фæсивæдимæ, радзырдтой нын, куыд кусынц æмæ сæ фæллад куыд уадзынц, уыдæттæ. Бирæтæ дзы нырма астæуккаг скъола каст нæма фесты, фæлæ сæрды мæйты кусынц Прагæйы стæй горæтгæрон фабрикты æмæ заводты. Мах куыд бамбæрстам, афтæмæй фæсивæд бирæ уарзынц хихъæппæрисадон къордтæ. Чехословакимæ куы ’рбацыдыстæм, уæд бафиппайдтам, горæт æмæ хъæуты цæрджытæ музыкæ æмæ зарджытæ тынг бирæ кæй уарзынц, уый. Цытджын чехаг композитор Бедржих 269
Сметана йæ адæмы тыххæй дзырдта: «Чехтæн сæ цард музыкæйы ис». - Нæ бæстæйы ныртæккæ куыд бирæ зарынц, афтæ никуы зарыдысты, - зæгъы, æз кæимæ ныхас кæнын, уыцы чызг, Лида Кагоунова. Сывæллæттæ, фæсивæд æмæ ас адæм зонынц бирæ советон зарджытæ, граждайнаг хæсты заманы кæй зардæуыди æмæ ныртæккæ дæр кæй зарынц советон адæм, ахæм зарджытæ. Алы фабрикæ æмæ заводы, алы хъæууонхæдзарадон æмæ промыслон кооперативы дæр ис хихъæппæрисадон оркестр æмæ зарджыты къорд. Горæтты дæр æмæ хъæуты дæр скъолаты сывæллæттæ музыкæйыл ахуыр кæнын райдайынц сæ ахуыры фыццаг бонæй фæстæмæ. Уыцы æгъдау сæм дыууæ сæдæ азæй фылдæр ис. Лида Кагоунова мын радзырдта, зæгъгæ, чехословакаг ахуыргæнæгмæ хъуамæ æнæмæнг уа музыкалон цæттæдзинад. Музыкæмæ чи нæ арæхсы, ахæм адæймæгтæ педагогон техникумтæм æмæ институттæм исгæ дæр нæ кæнынц. Фидæны ахуыргæнджытæ иннæ наукæтимæ иумæ ахуыр кæнынц музыкæйы истори, теори æмæ методикæ, уыимæ хъуамæ æнæмæнг цæгъдой искæцыхуызон музыкалон инструментæй дæр. Прагæйы уыдыстæм пантомимæйы театры. Ацы равдысты дзыхы ныхас æппындæр нæ вæййы, фæлæ хъу ыддаг æмбæрстгонд цæуы цæсгомы æмæ уæнгты змæлдæй, уый та фадат дæтты, цы хъуагдзинадыл худынц, уый цыргъдæрæй бахахх кæнынæн. Мах тыххæй сæ программæйы номыртæй иу-цалдæр Велка- Скухляйы фæсивæд сæххæст кодтой уырыссагау æмæ нæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæцыдысты. Хъæлдзæгæй æрвитынц сæ рæстæг фæсивæд нæ, фæлæ ацæргæ адæм дæр. «Хорз куы бакусай, уæд фæллад суадзын дæр æмбæлы», - дзурынц уыдон. Куыстæн, фæллойæн та кæнынц стыр кад, кæрæдзиуыл куы сæмбæлынц, уæд сæ арфæйы ныхас вæййы: -Честь праце! (Намыс фæллойæн!) - Праце честь! (Фæллойæн намыс!) Социалистон Чехословакийы фæллой нымад у тæккæ кадджындæр хъуыддагыл. 270
* * * Райсомæй, сихорæй æмæ изæрæй, адæм уынгтæм куы раивылынц, уæддæр Прагæйы уынгты уæлдай уынæр æмæ змæлд фенæн нæй. Цалынмæ светофор бар радта, уæдмæ уынгыл цæхгæрмæ ничи ахиздзæн, машинæ, науæд трамвай æмгæрон куынæ уа, уæдцæр. Прагæйы арæх фенæн ис, суанг хæдзары цур дурынфæндаг куыд биноныг æхсад цæуы, уый. Сыгъдæгдзинад куы уа, уæд низ дæр нæ хæцы, баззадис сæм ахæм æмбисонд. Куыстуæтты æмæ кусæндæтты ничи аппардзæн гæххæтты гæбаз, тамако, хæцъил, куысты фæстæ йе станок чъизийæ ничи ныууадздзæн. Хуыцаубоны хъæды кæнæ горæтгæрон къохы фæтезгъо кæны бирæ адæм, фæлæ дзы ницы фæд ныууадзынц: нæдæр газеты гæбаз, нæдæр афтид авг, нæдæр консервы къопп. Хæрынмæ хъæдмæ куы баздæхой, уæддæр хойраджы муртæ ничи ныууадздзæн, сæмбырд сæ кæндзæн æмæ фæндагыл бырæтты асыккыл куыддæр амбæла, афтæ сæ уым ныппардзæн. Сыгъдæг сты заводты хæрæндæттæ, ресторантæ, кафетæ: ам къофийы агуывзæйы кæнæ бæгæныйы авджы уæлхъус ныхас цæуы фæстаг хабæрттыл, кæсынц газеттæ, фыссынц писмотæ, хъазынц шахмæттæй. Газет кæнæ журнал балхæнæн ис æрмæст сæрмагонд киоскты нæ, фæлæ тамакойы дуканиты дæр. Тынг аив фæлгонцгонд сты хъæутæ æмæ горæтты дуканиты витринæтæ. Прагæйы ис, æрмæст витринæтæ фæлгонц кæныныл кæм ахуыр кæнынц, ахæм сæрмагонд скъола. Фæлæ ма уæддæр адæмы фæнды, сæ хъæутæ æмæ горæттæ ноджы аивдæр куы уаиккой, уый æмæ сыл архайгæ дæр кæнынц зæрдиагæй. Фæстауæрцджын сты Чехословакийы адæм сæ куысты дæр æмæ хæдзары мидæг дæр. Зæгъæм, фыдæлтæй сæм æгъдауæн баззадис - дыццæджы æмæ майрæмбоны кæсаг хæрын, æмæ йын цыфæндыйæ дæр уыцы бонты фынгыл æнæ уæвæн нæй. Афтæ биноныг нымад цæуы рæстæг дæр. Аходæн, сихор æмæ æхсæвæр цæттæгонд цæуынц иу бæлвырд рæстæджы. Боны æртæ сахатмæ сихор куынæ бахæрай, уæд хæрæндоны, науæд рестораны хъарм хæринаг не ссардзынæ. 271
Иу ныхасæй, биноныгдзинад райдайы хæдзары мидæг æмæ ахæццæ вæййы куыстуатмæ. Уыцы уагыл ахуыр кæнынц суанг сабийы бонтæй фæстæмæ. Уыцы миниуджытæ та царды мидæг хъæуынц кæмфæнды дæр. —<©$©>- 272
Гуыриаты Тамерлан ЛИТЕРАТУРОН НЫХАСЫ ТЫХХÆЙ Азæй-азмæ бæрзондцæр кæны ирон адæмы культурондзинад æмæ сæ национ культурæ. Фарон августы - сентябры ирон аивад æмæ литературæйы декадæ Мæскуыйы тынг хорз равдыста ирон адæмы культурæйы æнтыстдзинæдтæ. Алчидæр зоны, æвзаджы ахадындзинад царды алы къабæзты дæр æнæкæрон егъау кæй у, уый. Советон хицаудзинад æмæ Коммунистон партийы саразæг æмæ фæтæг В. И. Ленин стыр аргъ кодта адæмтæн сæхи мадæлон æвзагыл сæ культурæ рæзын кæнынæн. Коммунистон парти йе ’рвылбоны пропагандистон æмæ агитацион куысты арæхстджынæй пайда кæны дзыллæтæн сæхи мадæлон æвзагæй, мадæлон æвзаг марксистон-ленинон ахуырад, политикон, экономикон æмæ культурон фарстатæ дзыллæтæн хуыздæр æмбарын кæныны хъуыдцаджы хорз фадат кæй дæтты, уый нымайгæйæ. Æмæ хъуамæ фылдæр æргом здæхт цæуа æвзаджы кулыурæйы фарстатæм дæр. Цы у ныхасы культурæ? Ацы фарстæн цыбырæй раттæн ис мæнæ ахæм дзуапп: ныхасы культурæ у аив æмæ литературон æгъдауæй раст дзурын. Ацы ахсджиаг фарста бирæ азты дæргъы лæууы æвзагзонынады кусджыты размæ, уымæн æмæ ныхасы культурæ у, æвзаджы практикæйы стыр ахадындзинад кæмæн ис, ахæм. Цæмæй Советон Цæдисы адæмты æвзæгты культурæ бæрзонддæр кæна, уый тыххæй Наукæты Академи уадзы сæрмагонд журнал «Культура речи», æмæ уым мыхуыргонд цæуынц наукон-иртасæг кусджыты уацмыстæ. сæрмагонд уацтæ. Ацы уацы ныхас цæудзæн æрмæст ирон литературон ныхасы культурæйы хицæн фарстатыл. Зæгъын хъæуы, ныхасы кулыурæ ирон æвзагзонынадæй рохуаты кæй баззад. Афтæмæй та ирон æвзаджы ацы проблемæ у тынг вазыгджын æмæ зын алыггæнæн. 273 18
Цæй мидæг ис ирон ныхасы культурæйы вазыгджындзинад? Уыцы фарстæн раст дзуапп раттыны тыххæй уал сбæлвырд кæнын хъæуы къорд æндæр фарстайы. Ирон адæм нырма алыхуызты кæй дзурынц, уый дызæрдыггаг нæу. Уыцы алыхуызондзинад ныхасы уагыл кæд фонетикон æгъдауæй нæ зыны, фæлæ бæрæг у дзырдуаты æмæ грамматикæйы дæр. Афтæ чи æнхъæлы, уыдон сты æрмæст дыгурон æмæ ирон диалектты æхсæн, зæгъгæ, уый рæдигæ кæны. Дыгурон диалект куы райсæм, уæд фендзыстæм, уый дæр алы ран иухуызон кæй нæу: Цыколайы дзурынц иу хуызы, Дигорайы - æндæр хуызы. Уæллагкомы - æртыккаг хуызы, Мæздæджы районы хъæуты та - хицæн хуызы. Ноджы фылдæр хъауджыдзинад ис ирон диалектыл дзурæг хъæуты ныхасыхатты. Æрмæст Хуссар Ирыстоны ис цалдæр ныхасы здæхты. æмæ уыдонæн ис сæхи хицæндзинæдтæ - куыд фонетикон, афтæ лексикон æгъдауæй дæр æмæ сты литературон æвзагæй æндæрхуызон. Ахæм уавæр ис Цæгат Ирыстоны дæр. Ирон литературон æвзаг арæзт у ирон диалекты бындурыл, фæлæ уый диалектон хицæндзинæдтæ объективон æгъдауæй сты цардæгас, кæд сæ ахадындзинад къаддæр кæны, уæдцæр. Ацы фæстаг процесс дæр алы рæтты иухуызы нæ цæуы. Литературон нормæтæ фидардæр сты, Цæгат Ирыстоны астæуккаг тæлмы цы ныхасы здæхтытыл дзурынц, уым, уымæн æмæ литературон æвзаг арæзт у уыдоны бындурыл. Цæмæн афтæ рауад? Уымæн æмæ, фыццаджыдæр, ацы ирон диалектыл дзурынц фылдæр адæм. Дыккаджы: ирон адæмы культурон æмæ политикон административон центр ис, уыцы ныхасы здæхтыл чи дзуры. уыдоны территорийыл. Дарддæр ирон диалектыл аив ныхас кодта æмæ йæ диссаджы æнæмæлгæ уацмыстæ фыста Хетæгкаты Къоста, ирон литературæ æмæ литературон æвзаджы фидар бындурæвæрæг. Мах нæ ныхасы арæх фæдзурæм ирон литературон æвзаджы нормæтытыххæй.Фæлæлитературоннормæйылнымадчиу,уыцы дзырдты формæтæ æмæ фонетикон хуыз нырма фаг бæрæггонд нæма сты. Уымæ гæсгæ хицæн автортæй алчидæр литературон нормæтæм кæсы йæхи цæстæнгасæй. Зæгъæм, литературон 274
нормæтæ цæмæй тагъддæр ныффидар уой, уый тыххæй хъæуы хæрзхъæд дзырдуæттæ, уæлдайдæр та - орфографион дзырдуат. Фæлæ цымæ мах дзырдуæттæ нырма æнæсахъат сты? Фидарæй зæгъæн ис: нæ не сты. Цалдæр азы размæ цыппар азы дæргъы ирон орфографион фарстаты тыххæй уæрæх дискусси сарæзта республикæйы хицауадон орфографион къамис. Уыцы къамисы сфидаргонд грамматикон амындцзинæдты бындурыл фæстæдæр мыхуыры рацыд ирон орфографион дзырдуат (чиныджы автор - Хъуылаты Гала). Ныр нæ мыхуыры пайдагæнæн нал уыд уый агъоммæйы орфографион дзырдуатæй (йæ автор уыди Багаты Никъала). Фæлæзæгъынхъæуыуый, æмæ ногдзырдуатзæрондæй кæй ницанæбæрæг хуыздæр рауад. Уымæ гæсгæ нæ газет «Рæстдзинад»-ы фæрстыл йæ хъæндзинæдты тыххæй 1960 азы дыккаг æмбисы мыхуыргонд æрцыд къорд статьяйы. Фæлæ ууыл дæр ирон орфографийы фарста лыггонд нæма æрцыд. Цыбырдзырдæй, цæмæй ирон литературон нормæтæ фидаргонд æрцæуой, уый тыххæй раиртасын хъæуы литературон æвзаджы бындур æмæ гуырæнтæ. Ацы ран нæ размæ лæууы цалдæр вазыгджын фарстайы. Бæлвырд саху ыр кæнын хъæу ы, ирон æвзаджы астæуккаг ныхасы здæхтыл чи дзуры, уыдоны ныхасы уаг. Ам дæр хъуыддаг хаттæй- хатт зын рахатæн вæййы, уымæн æмæ æвзаджы кæддæриддæр вæййы алыхуызон элементтæ, æмæ уыдонæй равзарын хъæуы растдæр, кæнæ та прогрессивондæр, рæзæг формæ. Райсæм иу дæнцæн. Ирон адæмæй иутæ дзурынц ног, иннæтæ - нæуæг. Ацы дыууæ формæйæ кæцы хъуамæ райсæм литературон нормæйæн? Афтæ зæгъæн ис, æмæ фылдæр рæтты дзурынц нæуæг, уæлдайдæр - Хуссар Ирыстоны, Дыгуры æмæ Цæгат Ирыстоны хæххон хъæутæй бирæты. Æркæсæм ирон дзырдуаттæм дæр. А. Шёгрен 1844 азы йæ дзырдуатон статьяйы фыста афтæ: новагæй (пад. отв.) - снова, из неупотребительного уже наваг, вместо чего ныне - нæуаг. Нæуæг или науагк, науаг - новый, -ая, -ое, ново. Нæуæг хабар или хъуыддаг - новая весть или новое дело, новость, новый, ая, ое — ног. 275
Вс. Миллеры дзырдуаты дыккæгæм томы ис æртæ формæйы: нæуæг, нуог, ног(«нæуæгсасир къулыл-дыууæ боны»), Абайты Васойы дзырдуаты лæвæрд цæуынц дыууæ æмбар формæйы: нæуæг, ног. Æмæ, мæнмæ гæсгæ, уый раст нæу, уымæн æмæ дзырдуатæй чи пайда кæны, уый хъуамæ зона растдæр формæ литературон нормæтæм гæсгæ. Фæстаг ирон-уырыссаг дзырдуат (М., 1952) дæтты иу литературон формæ: ног. Цæмæн? Уымæн æмæ фæстаг формæ прогрессивондæр у, азæй-азмæ фидардæр кæны, арæхæй-арæхдæр æмбæлы æппæт ирон адæмы æвзаджы куыд иу литературон формæ. Рагон нæуæг раивта ног-мæ (æуæ ивд цæуы о-йæ: рæуæг - рог, цæуæт — цот, рæуæд - род æ. æнд.). Афтæ кæй у хъуыддаг, уый бæрæг у хъæуты нæмттæй дæр: Ногхъæу, Ногир. Уæлдай хуыздæр æвдисæн у Ногир. Ам æрцардысты фылдæр, нæуæг чи дзырдта, ахæм адæм, фæлæ уæддæр хъæуыл ныффидар ном Нæуæгир нæ, фæлæ Ногир. Дзырдуæттæ чи аразы, уыдоны лæмбынæг кæсын хъæуы ахæм фарстатæм. Цæмæй растдæр чи у, уый базонæм. уый тыххæй мах арæх æркæсæм орфографион дзырдуатмæ; ам хъуамæ фыст уа раст литературон формæ. Райсæм ныр дæр фæстаг орфографион дзырдуат (Хъуылаты Г.. О., 1956 аз). Ацы чиныджы иу ран кæсæм: нæуæг, бир. н. нæуцжытæ (147 фарс). Иннæ ран та автор дæтты æндæр формæ: ног, бир. н. ногтæ, стæй дарддæр ногамад, ногарæзтад, ногæвзæрст, ногæй-ногмæ, ногæргæвст, ногæрцæуæг æмæ афтæ дардцæр. Цæмæй орфографион дзырдуат йæ хæс æххæст кæна адæмы æхсæн ныхасы культурæ бæрзонд кæныны хъуыддаджы, уый тыххæй хъуамæ амона иу, раст литературон формæ. Кæнæ райсæм Исаты Мæхæмæты чиныг «Очерк фонетики осетинского литературного языка». Чиныг у хорз æвзагæй фыст æмæ, æнæмæнг, пайда уыдзæн ахуыргæнджытæн æмæ скъоладзау фæсивæдæн. Фæлæ дзы ис дызæрдыггаг хъуыдытæ дæр, кæцытæ уый райста æндæр автортæй. Мæхæмæт чиныджы 44 фарсыл фыссы, зæгъгæ, «с» æмæ «з» сæ артикуляцимæ гæсгæ лæууынц уырыссаг «с» æмæ «ш», стæй «з» æмæ «ж» æхсæн. Чи 276
зоны, растдæр уыдаид афтæ зæгъын: «Ирон с хæстæг у уырыссаг ш-мæ? «з» та уырыссаг ж-мæ». Æрхæссæм дæнцæнтæ. Ирон дзырдуаты рагæй уыд дзырд сах (йæ хъул сах абадт). Фæстæдæр нæм æрбацыд дзырд шах (шахмæтты: Хъазыбег шах радта). Ацы дзырдтæ кæд фыссæм дыууæ хуызы, уæддæр сæ дзурæм иухуызон. Æмæ уый литературон æгъдауæй раст дзурыны нормæтæм гæсгæ хъуамæ уæвгæ дæр афтæ уа. Кæцыфæнды наукон куыст дæр хъуамæ лыстæг кæса æмæ хынца æвзаджы ивдцзинæдтæ, кæса размæ æмæ амона раст фæндаг, æвзагæй чи пайда кæны, уыдонæн. Махмæ нырма Абайты Васойы «Уырыссаг-ирон дзырдуатæй» æххæстдæр æмæ хуыздæр уырыссаг-ирон дзырдуат нæй, æмæ дзы иууылдæр пайда кæнæм, уæлдайдæр та - тæлмацгæнджытæ. Фæлæ ацы дзырдуаты ис бирæ хъæндзинæдтæ æмæ рæдыдтæ. Бирæ хъуагдзинæдтæ ис ирон-уырыссаг дзырдуаты дæр. Литературон ныхасы нормæтæ раст сæвæрыны хъуыддагæн иттæг пайда уаиккой литературон æгъдауæй хæрзхъæд дзырдуæттæ. Уый тыххæй ирон æвзагзонынады кусджыты æмдыхæй бакусын хъæуы. Уæлдай фылдæр цæстæнгас аздахын хъæуы ирон фысджыты æвзаг æмæ литературон дæсныйад сахуыр кæнынмæ, уымæн æмæ аивадон литературæйы ахадындзинад ам у тынг стыр. Цæй мидæг ис иу кæнæ иннæ фыссæджы, йе та поэты аивадон тых? Цавæр гуырæнтæй пайда кæны автор? Цавæр хицæндзинæдтæ ис авторы æвзаджы, иннæ фысджытимæ абаргæйæ? Цавæр стилистикон фæрæзтæй пайда кæны автор йæ уацмысы? Уацмысы æвзаг куыд ахъаз кæны сæйраг хъуыды равдисынæн? Ацы фарстатæм æмæ ноджы бирæ æндæртæм нырма ирон критикон литерату рæйы нæй фаг нау кон æргомздæхт. Æнæмæнг, аивадон уацмысты æвзаджы хъæдмæ æркæсын хъæуы. Наукон кусджыты критикон уацмыстæ автортæн тынг феххуыс уаиккой. Литературон æвзаджы æмæ ныхасы культурæйы сæйрагдæр проблемæтæй иу у диалектон æрмæгæй раст пайда кæныны фарста. Литературон æвзагмæ диалекттæй цас фылдæр дзырдтæ 277
æрбацæуа, уыйбæрц хуыздæр у æвзаджы рæзтæн. Зæгъæм, ирон адæм кæмдæриддæр æмбарынц дзырдтæ тыллæг, татха, лæхъуын æмæ бирæ æндæр дзырдтæ, уыдон та æрбацыдысты дыгурон диалектæй. Ацы дзырдтæй аивадон литературæйы пайда ку ы кæиæм, уæд уый рæдыд нæ уыдзæн, уымæн æмæ сын ирон æвзаджы æндæр дзырдтæ нæй. Иу ныхасæй, диалектон æрмæгæй пайда кæнын хъæуы, литературон æвзаг куы хъæздыг кæна æмæ дзыллæтæн зындгонд куы уа, уæд. Фæлæ аивадон уацмысы æгæр бирæ куы уа, дзыллæтæ кæй не ’мбарынц, ахæм æрмæг, уæд уый зын æмбарæн кæны авторы хъуыды æмæ халы уацмысы аивдзинад. Ирон æвзаджы стыр бынат ахсынц уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæ. Æрмæст советон дуджы не ’взагмæ æрбацыд бирæ сæдæгай уырыссаг æмæ фæсарæйнаг дзырдтæ. Уыдон бацыдысты не ’взаджы алы сферæйы дæр: æхсæнадон- политикон, хъæууонхæдзарадон, аивадои æ. а. д. Фидарæй зæгъæн ис, уырыссаг æвзаджы тæваг æнæкæрон стыр ахъаз кæй фæцис не ’взаджы рæзтæн. Уый фæрцы йæ аивадон æмæ хъуыдывдисæн тых дзæвгар фæтыхджындæр. Цавæр цæстæнгас дарын хъæуы æрбайсгæ дзырдтæй пайда кæнынмæ? Ныхасы культурæйы проблемæтыл дзургæйæ æрбайсгæ дзырдты проблемæ у ахсджиагдæртæй иу. Марксизм-ленинизмы бындурæвæрджытæ амыдтой, зæгъгæ, æрбайсгæ дзырдтæ æнæхъуаджы пайда кæнын зианы хос у, фæлæ сæ ратæлмац кæнын пайда кæмæн нæу, йе та мадæлон æвзаджы æмбæззон дзырдтæ кæмæн нæй, уыдонæй та пайда кæнын хъæуы. Уырыссаг дзырдтæ мах æвзагмæ æрбацæугæйæ аивынц сæ фонетикон хуыз, иуæй-иутæн та суанг аивы сæ нысаниуæг дæр. Афтæмæй ног дзырдтæ райсынц ног национ формæ æмæ бахауынц ирон æвзаджы химидæг закъонты зилдухы. Культурон кусджыты хæс уый мидæг ис, цæмæй æрбайсгæ дзырдты ивддзинæдтæ хынцой æмæ практикон æгъдауæй æххуыс кæной æвзаджы рæзтæн. Æрбайсгæ дзырдтæй не ’взаджы пайда кæнын (адæмы ныхасы) кæддæриддæр вæййы фæлварæн, æвзаджы куыд сбаддзæн, уымæн. Афтæ рауайы, æмæ 278
царды мидæг не сбæззы, не сфидауы, теоретикон цæстæнгасæй хорз чи фæзыны, ахæм æрбайсгæ дзырд дæр. Райсæм Абайты Васойы уырыссаг-ирон дзырдуат. Ам бакæсæн ис мæнæ ахæм дæнцæгтæ: демонстрировать - демонстрир кæнын, игнорировать - игнорир кæнын, идеализировать - идеализир кæнын. формировать - формир кæнын æмæ афтæ дарддæр. Автор не ’взаджы практикæ куы хынцтаид, уæд ахæм æнахуыр тæлмацтæ дæр нæ раттаид. А фæстаг рæстæджы нæ фысджыты æвзаджы ноджы зынын райдыдта иу хъыгаг аипджын «модæ»: нæ мадæлон æвзаджы кæд фаг фæрæзтæ ис хъуыды сыгъдæг ирон æвзагæй зæгъынæн, уæддæр уыдон хатгай бынтон æнæхъуаджы дæр сæ персонажты æвзагмæ бахæссынц уырыссаг дзырдтæ: «вообще-то, да», «конечно», «так что» æ. а. д. Зæгъæм: «Æз зылдмæ æрвыст дæн æмæ хъуамæ зылды Осоавиахимы куыст обследоват скæнон» (Епхиты Тæтæри, пов. «Уылæны». «Мах дуг», 1937). «А-а, ныр мæ зæрдыл æрлæууыд, мæ ахуыргæнджытæй мыл иу ухажывæт кæны, - афсон кодта Нинæ Зауырбеджы тас æрсабыр кæныны тыххæй». (Мамсыраты Дæбе, «Уæззау операци»). «Гипнотизировæт мæ кæныс? - тæригъæддаг хъæлæсæй сдзырдта Галинæ». («Æр. коммунист». 7. VIII—1957). «Æмбырды хъуыддæгтæ дæр дæ интересовать нæ кæнынц, зæгъыс?» («Быдыго», Цегойты Аслæнбег. «Мах дуг», 7, 1958). «...рынчынтæн фехъусын кодта, абон «принимать» нал кæнын, зæгъгæ, æмæ йæ дуар дæгъæлæй æрæхгæдта» («Рæстдзинад». 19.1.1960). Æмæ афтæ дарддæр. Ахæм фæндагыл ацу, уæд, чи зоны, æмæ уыцы формæ искæд суа литературон формæ. Фæлæ ахæм фæндагыл ацæуыны сæр ныртæккæ мах нæма хъæуы, уымæн æмæ не ’взаджы ис фаг фæрæзтæ сыгъдæгæй алы хъуыды зæгъынæн дæр. Ирон æвзаджы Хуссар Ирыстоны фæзынд ахæм хицæндзинæдтæ, кæцытæн нæй бынат литературон æвзаджы. Ис дзы ахæм гуырдзиаг дзырдтæ, æмæ сæ æнæхъуаджы пайда 279
кæнынц ныхасы (симинди, сопели, цхъали, манкана, упро, окъро æ. а. д.). Уый дзæгъæлы у. Ирон æвзаг у иу æмæ йæ литературон формæтæ дæр хъуамæ иухуызон уой. Ирон æвзаджы тынг бирæ уыд, табу æвæрд кæуыл уыд, ахæм дзырдтæ, стæй эвфемизмтæ, уымæн æмæ раджы заман ирон адæм уыдысты талынг, алыхуызон динтыл хæст. Дзырдтой хилæг - калмы бæсты, æнæзæгьинаг - хæйрæджы бæсты, рæсугьд — саджы бæсты, мæ кьæбæргæнæг, ме ’фсин - мæ усы бæсты. Сылгоймæгтæ нæ дзырдтой лæгты нæмттæ. Уыйадыл-иу арæх рауад, срастгæнæн кæмæн нал уыд, ахæм рæдыд хъуыддæгтæ æмæ бæллæхтæ дæр. Уыдон кæддæры царды уыдысты моралон формæтыл нымад, æмæ æвзаджы дæр уыд сæрмагонд дзырдтæ. Фæлæ ныр уæлдæр амынд дзырдтæй бирæтæ ферох сты. Архайын хъæуы, цæмæй табутæ æмæ евфемизмтæ не’взаджы мауал уой æнæхъуаджы. Иу-цалдæр ныхасы литературон уацмысты æвзаджы тыххæй. Мæнмæ гæсгæ, ирон ныхасы культурæ бæрзонд кæныны хъуыддаджы литературæйы бон бирæ у. Хетæгкаты Къостайы, Малиты Геуæргийы æмæ иннæ ирон литературæйы дæсныты уацмысты тых æрмæст сæ тыхджын идеяйы мидæг нæй, фæлæ сæ диссаджы аивдзинады мидæг дæр. Цæмæй чиныгкæсæгмæ хуыздæр бахъара фыссæджы æнкъарæн, уый тыххæй уацмыс хъуамæ фыст уа æцæг аив æвзагæй. Аивадон уацмыс кæсгæйæ, чиныгкæсæг хъуамæ æмбуда эстетикон æхсызгондзинад. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ нырма фæсивæды бынтон æвзæр ахуыр кæнынц аив ныхасыл, декламацийыл. Сæ фылдæры ферох, аив ныхас кæныны хъуыддаг ахуыргæнджыты сæйрагдæр хæстæй иу кæй у, уый. Ирыстоны скъолаты ирон драмкъордтæ ис æрмæст цалдæры, афтæмæй та ахæм къордтæ хъуамæ уа алы скъолайы дæр. Фаг цæстæнгас нæй райдайгæ поэттæ æмæ фысджыты æвзагмæ. Ацы факттæ иууылдæр ууыл дзурæг сты, æмæ фæсивæды æхсæн ныхасы культурæйы хъуыддаг нырма тынг æвзæр кæй у. 280
Æппæт ирон культурæйы архайджыты газеты, радиойы, журналы хæс уый мидæг ис, цæмæй адæммæ хæссой аив ныхас, хъомыл кæной дзыллæты литературон æгъдауæй раст ныхасыл, цæмæй бæрзонддæр кæна ирон æвзаджы, ирон ныхасы культурæ. -<©$©>- 281
Мæхæмæтты Ахуырбег ЗАРÆГ ЦАРДÆЙ ГУЫРЫ Очерк Ирон аивад æмæ литературæйы декадæйы бонты нæ Райгуырæн бæстæйы столицæйы чи уыди, уыдонæй бирæтæ федтой нæ аивадон хихъæппæрисады къордты концерттæ дæр. Уыцы концертты адæмы зæрдæмæ тынг цыдысты Шевченко Зояйы зарджытæ. Иу бон цалдæрæй ацыдыстæм Адæмон Хæдзарады æнтыст- дзинæдты Æппæтцæдисон равдыстмæ. Раст цыма æгас бæстæ дæр ам уыдис, афтæ нæм касти. Стыр уæзисæн кранты фар- смæ лæууыдысты алыхуызон ахорæнтæй ахуырст «Чайкæтæ», хъаруджын трактортæй чысыл фалдæр рæнхъæвæрдæй лæу- уыдысты хуыйæн машинæтæ, радиоприёмниктæ, телевизортæ, хъæууон хæдзарады тыхджын сырæзт чи æвдисы, уыцы пави- льонтæ! Адæймаг сæм кæсынæй не ’фсæды. Цæстытыл ауай- ынц хурджын Узбекистан, дард Казахстаны мæнæуы быдыртæ, сæхимæ æлвасынц молдаваг сæнæфсиры цупалтæ. Ардæм чи æрбацыд, уыдоны фæстæмæ сæ къах нал хаста. Уайтагъд-иу сын ныхас бацайдагъ. Бирæ дзуринæгтæ сæм разындаид. Фæлæ æваст репродукторæй райхъуысти сылгоймаджы æхсызгон хъæлæс: «Æмбæлттæ, ныртæккæ стыр эстрадæйы райдайдзæни Цæгат Ирыстоны аивад æмæ литературæйы декадæйы архайджыты концерт! Табуафси, хонæм уæ уырдæм!» Чысыл фæстæдæр райдыдта стыр бæрæгбон. О, о, стыр бæрæгбон. Уæдæ æндæр цы схуындæуа республикæйы куыстуарзаг фæсивæды концерт! Садойнаг шахтёртæ сæ зарджытæ æмæ кæфтытæй барухс кодтой, чи сæм æрцыди, уыдоны зæрдæ. — Ныртæккæ цалдæр зарæджы акæндзæни Орджоникидзейы авджындзаума æмæ изоляторты заводы токарь Зоя Шевченко! Къухæмдзæгьд райхъуысти, стæй фæсабыр. 282
Сценæмæ рацыди бæрзонд хæрзконд чызг. Йе ’мбæлттæ йæм хæстæгдæр æрбалæууыдысты. Сæ иутыл - ирон национ уæлæдарæс, иннæтæ -уырыссаг, украинаг, гуырдзиаг костюмты. Иу æрыгон лæппуйы арæхстджын æнгуылдзтæ æруадысты фæндыры цæппæртыл, æмæ дзы райхъуысти диссаджы уырыссаг музыкæйы рæсугьд зæлтæ. Райхъуысти зарæг... Адæмы тыхджын къухæмдзæгъд Зояйы æртæ хатты рахуыдта сценæмæ. Алы рацыды дæр-иу чызг йæ сæрæй ныллæг акуывта, худгæйæ-иу зæрдиаг салам радта, фæлæ йæ уæддæр нæ ныууагътой, цалынмæ сын дыккаг зарæг ракодта, уæдмæ. Уый дæр та æгъгъæд нæ фæкасти мæскуыйæгтæм. Ногæй та хъæр кодтой: «бис!» «бис!», æмæ та Зоя Шевченко æртыккаг хатт дæр азарыд... Концерты фæстæ хихъæппæрисадон артисттæ рацыдысты уæрæх фæзмæ. Сæ цурмæ æрбацыдысты, равдысты уæвджытæй бирæтæ. Ныхастабацайдагъ. Иутæхæхбæстырæсугъддзинæдтæй фарстой, иннæтæм нæ аивады хабæрттæм байхъусын цьщи. Зояйы фарсмæ æрбалæууыди иу сылгоймаг. - Иу бон Колоннæджын залы куы уыдис уæ концерт, уæд æз бадтæн ССР Цæдисы адæмон артист Игорь Моисеевы фарсмæ, - райдыдта дзурын æрбацæуæг сылгоймаг. - Уый мæнæ ацы дзæбæх чызджы куы федта, -ацамыдта Шевченкомæ, - уæд афтæ загъта, тынг курдиатджын, дам, у æмæ йæхиуыл куы куса, уæд уæрæх къахдзæфтæ акæндзæни аивады зын, фæлæ кадджын фæндагыл. Уыцы сылгоймаджы зæрдæбын ныхæстæм цымыдисæй хъуыста Зоя æмæ дзæбæхдæр ахъуыды кодта йæ царды фæндагыл. Ахъуыды кодта: бæргæ, бæргæ, афтæ куы рауаид йæ хъуыддаг... * * * Зоя Шевченко Орджоникидзейы авджын дзаума æмæ изоляторты заводмæ куы æрбацыди, уæдцæр дзы аивадон хихъæппæрисады къордтæ чысыл цыдæртæ архайдтой. Исты бæрæгбон æрхæстæг, зæгъгæ, уæд-иу репитицитæ сарæх сты. Се ’ппæтыл-иу бынат дæр нал аххæссыди. Иу изæр Зоя уый тыххæй профцæдисон æмбырды радзырдта. 283
- Ай зарджытæ æмæ кафджыты ансамбль нæу. Завод у, æмæ дзы кусын хъæуы, - чидæртæ йæ ныхмæ æрлæууыдысты. Уыцы хъуыддаг æрыгон чызг йæхицæн æфхæрдыл банымадта. Скуыдта фырмæстæй, бирæ йæ нал хъуыд æмбырдæй рацæуынмæ дæр. Фæлæ заводы партион организацийы секретарь йæ фарс радзырдта: - Цæмæй аивадон хихъæппæрисады къордтæн разамонæг баххуырсæм, уымæн нын ныртæккæ æхца нæма ис, - загъта партион организацийы секретарь. - Уымæ гæсгæ мæнмæ ис ахæм фæндон: рæстæгмæ уал уыцы куыстæн разамынд дæттыны хъуыдцаг бахæс кæнæм фæскомцæдисон Зоя Шевченкойæн. Æмбырды адæм сразы сты секретары фæндоныл, хорзыл æй банымадтой. Цалдæр боны фæстæ Зоя зарджыты къорды уæнгтæн номхыгъдтæ сарæзта. Уыдонæн сæ нымæц схæццæ фындцæс æмæ ссæдзмæ. Уый хорз хъуыддаг уыдис. Фæлæ уый фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй къорды уæнгтæй иуæй-иутæ куысты сæ пълантæ не ’ххæст кодтой. - Æвзæр нæ уаид, нæ размæ ахæм сцдт сæвæрын: «Аивадон хихъæппæрисадмæ - фæллойы раззагдæрты!» - йæ уыцы хъуыды Шевченко загъта заводы разамонджытæн. Уыдонæн чызджы фæндон сæ зæрдæмæ фæцыди. Феххуыс ын кодтой. Дыккаг бон æппæт цехты къултыл дæр фæзындис сырх хъуымацы уаццæгтæ «Аивадон хихъæппæрисадмæ - фæллойы раззагдæрты!», зæгъгæ, ахæм лозунгимæ. Æмæ заводы кусджытæн сæ хуыздæртæ цæуын райдыдтой хихъæппæрисады къордмæ. Къорд боны фæстæ заводы клубы уыдис стыр концерт. Архайдтой дзы кусджытæ сæхæдæг. Фыццаг хатт райхъуыстис уæд Зоя Шевченкойæн йæхи хъæлæс дæр. Уый уым цалдæр зарæджы акодта æмæ йын адæмы зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Афтæ бавæрдта йæ къах аивадмæ Орджоникидзейы авджын дзаума æмæ изоляторты заводы токарь Зоя Шевченко. Уый сценæмæ фыццаг хатт куы рацыди, уæдæй нырмæ йæм ис иу хорз миниуæг: куысты ног æнтыстдзинæдтæм тырнын, вокалон аивады дæсныдзинады бæрзæнттæм цæуын. 284
Фæстаг азты нæ республикæйы уæлдай арæхдæр вæййы алыхуызон конкурстæ, æркастытæ, фестивальтæ. Уым фæархай- ынц хуыздæрты хуыздæртæ. Алы коллектив. алы адæймаджы дæр фæфæнды фыццаг бынат бацахсын. Бахъæуы сæ стыр ерыеы бацæуын. Уыцы ерысты Зоя кæддæриддæр бацахсы фыц- цаг бынæттæй иу. Цы фæндагыл ныллæууыд, уым æнувыдæй кæй архайы, тынг дæсны кæй зары, уый тыххæй Шевченко Зоя бирæ хæттыты райста кады грамотæтæ, зынаргъ лæвæрттæ æмæ арфæйы ныхæстæ. * * * Мæскуыйы ирон аивад æмæ литературæйы декадæ уыдзæни, уый куы фехъуыста Шевченко, уæд æм йæхи æнувыдæй цæттæ кæнын райдыдта. Зын ын уыдис кусын æмæ аивадон хихъæппæрисады репитицæтæм æнæкъуылымпыйæ цæуын. Хатгай-иу æй бахъуыдис йæ куысты сменæйы фæуынæй бирæ раздæр ацæуын. Фæлæ уæддæр Зоя кæддæриддæр йæ куысты пълантæ уæлдайджынтæй æххæст кодта. Зыдта æмæ йæ зæрдыл дардта, хорз зарæг æнæ æнувыд фæллой кæй нæ фидауы, уый. Заводы кусджытæй алкæмæн дæр æхсызгон уыдис, Шевченко Мæскуымæ кæй цæуы, уый фехъусын. Уыдонæй-иу бирæтæ æрбацыдысты йæ размæ, зæрдæтæ йын æвæрдтой. Æмæ мæнæ ирон декадæ райдыдта Мæскуыйы. Нæ фысджытæ, нывгæнджытæ, композитортæ, артисттæй алчидæр хъуыды кодта: «Цымæ куыд ацæудзæнис не стыр æмæ ахсджиаг фæлварæн? Цымæ цавæр аргъ скæндзысты нæ уарзон Райгуырæн бæстæйы столицæйы цæрджытæ нæ аивад æмæ литературæйæн?» - Афтæ хъуыды кодта Зоя Шевченко дæр. Декадæмæ ацæуыны агъоммæ Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театры залы куы бадтысты, уæд ын йе’мбæлттæй чидæр йæ хъусы бадзырдта: - Зоя, тынг тæрсыс? - Артисттæ дæр ма куы тæрсынц, уæд мæнæн диссаг у тæрсын? - йæ мидбылты бахудти Зоя. - Нæ, уæвгæ тæрсгæ нæ кæнын. Цин кæнын, мæскуыйæгтимæ кæй фембæлдзынæн, ууыл. 285
Стыр кадимæ ацыдысты Мæскуыйы ирон литературæ æмæ аивады декадæйы бонтæ. Стыр æнтыстдзинæдтæ равдыста уым Зоя Шевченко дæр. Ирыстоны фæллойгæнæг адæм зæрдиаг æмæ фидарæй сæ зæрдæ дардтой сæ хъæбултыл: уыдон Мæскуыйы сæхи уæлахизæй кæй равдисдзысты, уый сæ уырныдта. Куы ссыдысты фæстæмæ, уæд къорд бонты фæстæ ногæй æвдыстой Ирыстоны фæллойгæнджытæн сæ аивадон æнтыстдзинæдтæ. ...Ирон драмон театры цæуы декадон концерт. Уым уыд Зоя Шевченко дæр. Уыцы æмбырды адæм фехъуыстой Цæгат Ирыстоны АССР-йы Сæйраг Советы Президиумы Указы Зоя Шевченкойæн нæ республикæйы сгуыхт артисткæйы ном раттыны тыххæй. Заводы токарь сси сгуыхт артисткæ! Чызг бадти раззаг рæнхъы. Хорз фыны хуызæн æм фæкастысты уыцы минуттæ. Йæ рухс цæсгом уыд æфсæрмдзаст, йæ рустæ гæзæмæгомау фæсырх сты. йæ фарсмæ чи бадти, уыдонæй алкæй дæр фæндыди Зояйы дæрзæг къух райсын, уымæн арфæ ракæнын... * * * Райсомæй раджы заводы кусджытæй алчи дæр тагъд кодта йæ куыстмæ. Сæрыстырæй та йæ уарзон куыстуаты дуарæй бахызти Шевченко Зоя дæр. Авджын дзаума æмæ изоляторты заводы кæрты йыл æмбæлынц зонгæтæ, æмбæлттæ. Се ’ппæтæн дæр, мидбыл худгæйæ, салам дæтты, се’ппæт дæр ын зæрдæбынæй арфæ кæнынц. Зæрдæ хъæлдзæг куы уа, уæд кусын фылдæр æнтысы. Зоя уыцы дзырдты рæстдзинадыл рагæй æууæнды. Ныр æй уæлдай тынгдæр бауырныдта. йе станочы уæлхъус куы æрлæууы, уæд нал бауромы йæ зарæг. Цыма йын алыхуызон механизмтæ сæ мингай хъæлæстæй бахъырнынц, афтæ йæм фæкæсы. Цехы кусджытæ, Зояйы æмгусджытæ хорз зонынц, æрыгон чызг йæ куысты дыууæ нормæйæ къаддæрæй кæй никуы сæххæст кæны. Фæскуыст Шевченко фæтагъд кæны сæхимæ. Рæстæг зынаргъ у: музыкалон училищейы йæм фенхъæлмæ кæсынц йæ ахуыргæнджытæ. 286
ТуатыДауит ХÆЛАРДЗИНАД Рагæй цæрынц Ир æмæ Цæцæн-Мæхъхъæл кæрæдзийы фарсмæ. Бирæ иумæйаг хъуыддæгтæ ис сæ царды, се ’гъдæутты. Иумæйагæй бирæ уыд сæ хъысмæтты дæр. Фæлæ нæ адæмты æхсæн цы хæлардзинад уыдис, уый бынтондæр сфидар æмæ срæсугъд Цытджын Октябры революцийы фæстæ - советон адæмтæ сты æфсымæртæ. Æрæджы Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад ирон æвзагыл мыхуыры рауагъта Цæцæн- Мæхъхъæлы фысджыты уацмысты егъау чиныг «Аргъуын æмæ Ессæйы зарджытæ». Чиныг рауадзыныл зæрдиагæй бакуыстой ирон фысджытæй бирæтæ, стæй рауагъдады кусджытæ. Уыцы чиныг æхсызгонæн кæсынц ирон адæм. Цæцæн-Мæхъхъæлы фысджыты уацмыстæ ирон æвзагмæ тæлмацгондæй арæх мыхуыргонд вæййынц журнал «Мах дуджы» дæр. Фарон фæззæджы та ирон фысджыты къорд Цæцæн- Мæхъхъæлы фысджыты хуындмæ гæсгæ ацыдысты Грознамæ. Уым сæ фысымтимæ заводтæ, колхозты сарæзтой литературон изæртæ. Стыр хæлар цæстæй ракастысты ’æфсымæрон республикæйы фæллойгæнджытæ ирон фысджытæм. Дыууæ адæмы хæлардзинад ноджы рæсугъддæрæй æвдыст æрцыд ацы аз, февралы мæйы. Нæ горæт Орджоникидземæ æрбацыд Цæцæн-Мæхъхъæлы М. Ю. Лермонтовы номыл уырыссаг драмон театр æмæ равдыста цыппар спектаклы: «Гамлет», «Остров Афродиты», «Иркутская история», «Слепое счастье». Нæ горæты цæрджытæ зæрдиагæй бакастысты уыцы спектакльтæм, стыр аргъ скодтой актерты дæсныдзинадæн, уыдонæн сæ хорз хъазтæн. Уый фæстæ та æрбацыд нæ горæтмæ Цæцæн-Мæхъхъæлы национ драмон театр. Уый дæр æртæ спектаклы æрбаласта. Æрбацыд нæм Цæцæн- Мæхъхъæлы зарджытæ æмæ кафджыты ансамбль дæр. Уый йæ арæхстдзинад равдыста нæ горæты. Орджоникидзейы горæты фæллойгæнджытæ сын байхъуыстой сæ рæсугъд зарджытæм, федтой сын сæ кæфтытæ. Стæй уæд ансамбль гастрольты ацыд 287
нæ республикæйы иннæ горæттæм, хъæутæм, æмæ дзы радта æхсæрдæс концерты. Иры фæллойгæнджытæн æхсызгон уыд сæ хæлар сыхæгты аивады æнтыстдзинæдтæ фенын. Цæцæн-Мæхъхъæлы театртæ æмæ ансамбль Ирыстоны се ’сгуыхтдзинæдтæ куы æвдыстой, уæд Ирыстоны уырыссаг драмон театр, музыкалон-драмон театр, кафджытæ æмæ зарджыты ансамбль æмæ симфонион оркестр та сæ аивад æвдыстой Цæцæн-Мæхъхъæлы столицæ Грознайы. Ирон ансамбль Грознайы, стæй заводтæ æмæ хъæуты равдыста 12 концерты. Тынг хорз цæстæй ракастысты нæ сыхæгтæ Ирыстоны аивады кусджытæм, цин æмæ сын дис кодтой сæ аивадон дæсныдзинадыл: сæ хорз кæфтытæ æмæ зарджытыл, куырдтой сæ, цæмæй та сæм тагъддæр æрбацæуой. Грознайы цæрджытæ уæлдай æхсызгонæн бакастысты Советон Цæдисы адæмон артист - ирон актер Тæбæхсæуты Балойы арæхстджын хъазтмæ Отеллойы ролы. Адæмæй бирæтæ тынг раппæлыдысты ирон симфонион оркестры цæгъдтытæй дæр. Цыбырдзырдæй, хорз ацьщысты дыууæрдыгæй дæр театртæ æмæ ансамблты равдыстытæ. Уæдæ æнæ зæгъгæ нæй, Цæцæн-Мæхъхъæлы национ театры спектакльтæ Ирыстоны куыд ацыдысты, йæ актертæ æмæ режиссертæ цы арæхстдзинад равдыстой, уый тыххæй дæр. Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театры егъау залы къух бакæнæн нæй адæмæй. Иууылдæр æнхъæлмæ кæсынц, кæд байгом уыдзæн хъæдабæ æмбæрзæн, уымæ. Цæцæн-Мæхъхъæлы театры спектакль фенынмæ æрбацы- дысты ирæттæ, гуырдзыйæгтæ, уырыссæгтæ, сомих, залы алы къуымтæй хъуысы цæцæйнаг æмæ мæхъхъæлон ныхас. Уалынмæ адæмы уынæр фæсабыр. Иууылдæр се ’ргом аздæхтой сценæмæ. Рухс ахуыссыд, æмæ хъæдабæ æмбæрзæны фæрстæ уæззаугомау фæйнæрдæм ацыдысты. Райдыдта спектакль «Петимат». Театры уæвджытæ зæрдиагæй кæсынц, æрыгон сыгъдæгзæрдæ чызг Петимат цы уæззау уавæрты бахауд, мæнгард, æдзæсгом зæронд молло йын цы фыдмитæ æвзарын кæны, уыдæттæм. Фæстагмæ рæстдзинад фæуæлахиз, адæм 288
федтой моллойы чъизи цæсгом, йæ фыдмитæ. Чызг фервæзтуый дзæмбытæй æмæ йæ цард сиу кодта йæ уарзон лæппуимæ. Бакасты фæстæ мах бацыдыстæм сценæйы фæстæмæ æмæ зæрдиагæй арфæ ракодтам актертæн се ’стыр æнтыстдзинады тыххæй. Æхсызгон куыд нæ уыд уыдонæн дæр, сæ фысымтæ сын сæ аивадæн ахæм аргъ кæй скодтой, уый. Курдиатджын адæймаг уыди пьесæ «Петиматы» автор Саид Бадуев. Хъыгаг у, уымæн йæ цард афонæй раздæр кæй ахуыссыд, уый. Уымæн йæ къухы бафтыд хорз драматургион уацмыс ныффыссын. Пьесæйы æвдыст цæуы бирæ адæймæгты хъысмæттæ æмæ цард, революцийы агъоммæйы царды нывтæ. Спектакльмæ кæсджытæн уæлдай тынгдæр сæ зæрдæмæ фæцыд пьесæйы сæйрагархайæгПетимат. Уыйу сыгъдæгзæрдæ, æрыгон, фæлæ рæстдзинад æмæ йæ уарзондзинады сæрыл æдæрсгæйæ, хъæбатырæй чи рахæцдзæн, ахæм чызг. Æхсарджын чызджы сурæт æххæстæй равдисын йæ къухы бафтыд, Петиматы роль чи хъазы, уыцы артисткæ Т. Алиевайæн. Курдиатджын артисткæ арæхстджынæй равдыста Петиматы сыгъдæг зæрдæйы ахаст, йæ домбайдзинад, рæстдзинады сæрыл паддзахы хицауадимæ тох чи кæны, уыцы æрыгон сахъ лæппу Мусосты бирæ кæй уарзы, у ый. Тынг æнувыд у Петимат йæ иунæг фыд Дудайыл дæр, фæлæ нын æнæуынон фестад хин, фæлывд, æгъатыр молло! Петиматы æнкъарæнтæ Т. Алиева æвдисы бæлвырд æмæ аивæй. Театры уæвджыты зæрдæмæ тынг бацыд, моллойы роль чи хъазы, уыцы артист Я. Зубайраевы хъазт дæр. Бæстыл цъаммардзинад æмæ мæнгарддзинадæй цыдæридцæр ис, уыдон иууылдæр баиу сты моллойы зæрдæйы. Уый хицауадæн æмæ хъæздыджытæн йæ сæрæй ныллæг кувы, мæгуыртыл та сæрыстыр кæны йæхи. Æмæ сæ сафыныл нæ ауæрды. Ахæм у молло. Æмæ йæ уыцы хуызы æвдисы курдиатджын актер Я. Зубайраев дæр. Æрыгон, ныфсджын, хъаруджын,. рæстдзинады сæраппонд йæхиуыл чи ницæмæй ауæрды, ахæм у Петиматы уарзон лæппу Мусост. Æмæ йын тынг зæрдæмæдзæугæйæ хъазы йæ роль артист С. Ильясов. 289 19
Кæй зæгъын æй хъæуы, спектаклы ис хъæндзинæдтæ дæр. Фæлæ уæдцæр уыдон сæйрагдæр не сты. Сæйрагдæр уый у, нæ сыхæгты театры актертæн сæхи адæмы цардыл фыст пьесæ сценæйы тыхджынæй равдисын сæ къухы кæй бафтыд. Уымæй уæлдай ма уыдон тынг дæсны ахъазыдысты Н. В. Гоголы комеди «Женитьба». Ацы спектаклы Цæцæн-Мæхъхъæлы те- атры артистты курдиаттæ ноджы рæсугъдцæрæй сæрттывтой. Зæрдæмæдзæугæ æмæ аив уыд актертæн се’гасы хъазт дæр. Артисткæ С.Чапаева тынг хорз сарæзта бетъырбухаг къупе- цы чызг Агафья Тихонова Купердягинæйы обрæз. Йæ фæ- зылдтытæй, йæ зæрдæйы ахастæй йæ курджытимæ йæхи куыд дары, уыдæттæй алцæмæй дæр артисткæ дæсны æвдисы уырыс- саг къупецаг чызджы митæ, уый обрæз. Уырыссаг адæймаджы сурæт саразын йæ къухы бафтыд артист А.Дениевæн дæр, усгур Подколесины роль хъазгæйæ. Спектакль «Петиматы» моллойы роль чи хъазыд, уыцы артист Я.Зубайраев та Кочкаревы ролы хъазгæйæ дæр йæхи равдыста стыр курдиатджын артистæй. Цæцæн-Мæхъхъæлы театр се ’ртыккаг спектакль - «Æфсин» куы æвдыстой, уæд залы худæгæй бацæуæн нал уыд. Уæлдай хуыздæр хъазыдысты ацы спектаклы артисткæтæ Т. Алиева æмæ А. Исаева. А. Исаева хъазы, нырма зæронд æгъдæуттыл фидар хæст чи у æмæ уый тыххæй йæ чындзимæ чи нæ фидауы, ахæм æфсины роль. Курдиатджын артисткæ у А.Исаева, уый кæрæй- кæронмæ диссаджы хорз хъазыд æфсины ролы. Дисы бафтыдта адæмы артисткæ Т. Алиева дæр. Федтам æй мах Петиматы роль хъазгæйæ. Худæджы хъуыддагæй дзы мисхалы бæрц дæр нæ уыд. Уый уыд трагикон роль. Æмæ йæ уыцы хуызы тынг дæсныйæ хъазыд Т.Алиева. Фæлæ ам, æфсины мæнг чындзы роль хъазгæйæ, уый бынтон æндæрхуызы равдыста йæхи. Æнæмæнг Алиевамæ ис комедион артисткæйы стыр курдиат. Адæмы уый тынг фæхудын кодта аны ролы хъазгæйæ... Фæци Цæцæн-Мæхъхъæлы театры фæстаг спектакль. Адæм сыстадысты сæ бынæттæй æмæ зæрдиаг къухæмдзæгъд сарæзтой артисттæн... 290
Ногæй та йе ’мдзаг у адæмæй ирон театры стыр зал. Хъазæн æмæ хæлардзинады ныхæстæ хъуысы се ’хсæнæй. Уалынмæ рухс ахуыссыд. Байгом та театры хъæдабæ æмбæрзæн, æмæ сценæйæ разынд Цæцæн-Мæхъхъæлы кафджытæ æмæ зарджыты ансамбль. Уыцы коллектив Ирыстоны бирæ рæтты уыд. Абон та ам, Ирон музыкалон-драмон театры арæзт цæуы «хæлардзинады концерт». Концерты архайдзысты дыууæ республикæйы ансамбльтæ. Мæнæ сценæйы уынæм нæ уазджыты - Цæцæн-Мæхъхъæлы ансамблы артистгы. - Советон Цæгат Ирыстон! Айс Цæцæн-Мæхъхъæлы фæллойгæнджытæй æфсымæрон салам! - радзырдта сценæйæ уазджыты разамонджытæй иу. Æмæ та залы къухæмдзæгъд ногæй стынг ис. Райдыдта концерт. Бирæ хорз зарджытæ æмæ кæфтытæ фæкодтой уыцы изæр дæр нæ уазджытæ. Уæлдай тынгдæр фæцыдысты адæмы зæрдæмæ артисткæ, фæндырдзæгъдæг æмæ поэтессæ Айдамировайы зарджытæ. Тынг фæцыд адæмы зæрдæмæ артисткæ Татьяничева дæр. Бирæ фæхудын кодтой адæмы Т. Исаева æмæ М. Гучибаев. Уыдон кодтой «Зæрæдты кафт». Фæстагмæ театры сценæйы баиу сты Ир æмæ Цæцæн- Мæхъхъæлы ансамблы зарджыты къордтæ. Иумæ, фæрсæй- фæрстæм æрлæууыдысты æмæ æмхъæлæсæй бæрзонд систой А. Халебскийы фыст зарæг «Песня о России». Ацы зарæгæн æнæ акæнгæ нæ уыд абон - дыууæ адæмы хæлардзинады концерты. Æмæ йæ заргæ дæр кодтой зæрдæбынæй, йæ алы ныхас дæр зæрдæмæ арф хъардта. Зард куы фесты, уæд та сын адæм сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд. Уыцы къухæмдзæгъдæй адæм æрвыстой зæрдиаг саламтæ цытджын уырыссаг адæмæн, Коммунистон партийæн - ирон æмæ Цæцæн-Мæхъхъæлы адæмтæ амонд кæй руаджы ссардтой, уыдонæн. —<©$©>- 291
Цырыхаты Михал ХÆХХОН ЧЫЗГ 1 Иу уалдзыгон райсом мах Ленинградæй балцы цыдыстæм Петергофырдæм. Нæ чысыл нау ленк кодта Финты донæрбакæлæны. Дард кæцæйдæр сыстад урс-урсид бæзджыч мигъ æмæ тындзыдта хуссарырдæм. Дымдта фæлмæн уадымс. Денджызы у ылæнтæ фæйлыдтой. Æз сæм кастæн æмæ цавæрдæр хъуыдыты аныгъуылдтæн. Кæд ме ’мбæлттæй иронау ничи зыдта, уæддæр, цæмæдæр гæсгæ, мæ дзыхæй схаудтой мæнæ ацы дзырдтæ: «Гъе, афтæ æнæбанцайгæйæ згъоры цард дæр...» Æмæ та ногæй кæсыныл фæдæн урс-урсид мигътæм. Фæлæ мын уыцы минут мæ хъуыдытæ фескъуыдта мæ бакомкоммæ бадæг бæзæрхыг саулагъз адæймаг. Уымæн йæ уæлæ уыдис æфсæдцон дарæс булкъоны пъагæттимæ. - Æфсымæр, бахатыр кæн, фæлæ ирон нæ дæ? Æз джихæй аззадтæн, стæй æнæзонгæ адæймагмæ комкоммæ кæсгæйæ, мæ сæр батылдтон: - О, ирон... Фæлæ ды та... ды дæр ирон дæ? - Нæ дæн... Фæлæ иронау чысыл цыдæртæ зонын... Кæдцæр мын иу ирон æрдхорд уыдис, æмæ мæ уый иронау сахуыр кодта... Мæхæдæг кæсгон дæн... Ныхас нын ацайдагъ, æмæ мын мæ ног зонгæ радзырдта йæ кæддæры ирон æрдхорды тыххæй... - Ам, Ленинграды, сæмбæлдыстæм фондз æмæ ссæдз азы размæ,- загьта ме ’мбæлццон, æмæ цæуылдæр ахъуыды кодта. Иуцасдæр фæкастис урс мигътæм, стæй арф ныуулæфыд æмæ дзырдта дарддæр: - Фондз æмæ ссæдз азы размæ... Диссаджы зæрдæргъæвд æмæ хъæбатыр разынд... Хæстон дохтыр уыдис. Æвæццæгæн, бирæ фыдæбæттæ бавзæрста. Цалдæр цæфы фæцис Финляндийы хæстыты, мæнæ ам хæстæг... Репин кæм ныгæд ис, раст уыцы ран... Уый фæстæ йæ цалдæр азы нал федтон... Алы рæттæм 292
фæцыдыстæм æмæ кæрæдзийы хабæрттæн ницыуал зыдтам. фæлæ та нæ уæдцæр хъысмæт сæмбæлын кодта... Хæсты тымыгътæ та нæ Ленинградмæ æрбахастой... - Кæмæй уыдис дæ ирон æрдхорд, кæм цард æмæ цы хуындис?- бафарстон æз. Булкъон нырма ныр фембæрста, йе ’рдхорды ном æмæ мын мыггаг кæй нæ загъта, уый, æмæ мæ цыма хатыр куырдта, ахæм хъæлæсыуагæй сдзырдта: - Джиотæй уыдис, йæ ном Алыксандр. Хуссар Ирыстойнаг, йæ бинойнаг та Цæгат Ирыстонæй — хъахъхъæдуйраг. Æз хæстæгдæр бабадтæн булкъонмæ æмæ дзы ракуырдтон, Алыксандры тыххæй цыдæриддæр зоны, уыдон мын кæрæй- кæронмæ цæмæй радзырдтаид, уый. Æз кæсгон булкъоны ныхæстæй куыд бамбæрстон, афтæмæй Алыксандр уыдис дивизийы санитарон службæйы хицау, фæлæ хъæбатырæй фæмардис Ленинграды фронты... - Йæ бинойнаджы чызгон мыггаг ын нæ хъуыды кæндзынæ? - Цымыдисæй йæ бафарстон æз. - Саламаты чызг... Кæд дæ, мыййаг, йæ базонын фæнды, уæд ма-иу райсом кæнæ иннæбон С. М. Кировы номыл Хæстон- медицинон академимæ бауай... Уый дæр уым ахуыр кодта æмæ дзы ныр йæ бюст дæр æвæрд ис... Катер æрлæууыд наулæууæны. Кæсгон булкъонимæ мах кæрæдзийæн хæрзбон загътам, æмæ нæ алчидæр йæ хъуыддаджы фæдыл ацыд. У алдзыгон хуры хъарм тынтæм тыбар-тыбур кодтой Петергофы рæсугъд дидинæгдæттæ, арвы тынау, хъазыдысты фонтантæ, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, нынтъыснæг мæ зæрдæ. Æз хъуыды кодтон хъахъхъæдуйраг чызджы хъысмæтыл æмæ мæ фæндыдис фæстæмæ æвæстиатæй Ленинградмæ аздæхын. Фæлæ мын уыцы бон фадат нæ фæцис. II Ленинградмæ æрбаздæхтыстæм дыккаг бон. Æз комкоммæ араст дæн Кировы номыл Хæстон-медицинон академимæ. Бирæ номдзыд æмæ хъæбатыр адæмтæ рацыд ацы Цытджын академийæ. Уыдоны бюсттæ ныр æвæрд сты ам. Се’хсæн - 293
цалдæр сылгоймаджы. Æз сæм кæсын лæмбынæг. Уалынмæ бюстытæй иуы бынмæ кæсын: «Саламаты Софья Виссарионы чызг»... Лæууын йæ цуры æмæ мæм афтæ кæсы, цыма ныртæккæ æрхиздзæни зæхмæ æмæ мæ фæрсын райдайдзæн йæ райгуырæн хъæубæсты хабæрттæй. Фæлæ уый лæууыди мæ сæрмæ, сæрыстырæй фæлгæсыди дардмæ. Йæ уæхсчытыл - дæлбулкъоны пъагæттæ. Йæ риуыл - цалдæр хæрзиуæджы. Æмбаргæ цæстæнгас ын, йæ цæсгом сагъæсхуыз... О, фæлæ кæм ис, цымæ ныртæккæ, æгас ма у?.. - Цардæгас у де ’мбæстаг, - йæ мидбылты худгæйæ мын загъта академийы къæнцылары кусджытæй иу æмæ мæ рафæндараст кодта уынгмæ. - Ссардзынæ йæ! Æнæмæнг æй ссардзынæ! Нырма уым кусы, фæстаг хатт нæм цы писмо æрæрвыста, ууыл мæй йеддæмæ нæма цæуы, - мæ фæдыл ма дзырдта къæнцылары кусæг... III Уыдис сæрдыгон æнтæф бонтæй иу. Æз лæууыдтæн даргъ къæлидоры иу кæрон æмæ ныхас кодтон ме ’мбалимæ. Æгæр раджы ма уыдис æмæ афтæ æнхъæлдтон, мæн чи хъæуы, уыцы адæймаг нырма йæ куыстмæ нæма æрбацæудзæн, зæгъгæ. Фæлæ мæнæ æрбайгом дуар æмæ нæ рæзты урс халаты тагъд- тагъд æрбацыд бæрзонд сылгоймаг. Гæзæмæ фæхалас сты йæ дзыккутæ, фæлæ йæ аив уæнгты конд æмæ сагъæсхуыз цæсгоммæ гæсгæ зын базонæн нæ уыдис, медицинон службæйы булкъон Саламаты Софья кæй у, уый. О, фæлæ йын Ленинграды цы бюст федтон, уым ын дæлбулкъоны пъагæттæ уыд, ам та... «Уый у!» - фидарæй скарстон æз... Зилы рынчынтыл номдзыд дохтыр - булкъон Саламаты Софья. Мæнæ æрлæууыд иу палатæйы цур. Иуцъустуг банхъæлмæ каст, стæй æваст фегом кодта дуар æмæ мидæмæ бахызт. Комкоммæ бацыд уæззау рынчыны цурмæ. Æрбадта йæ фарсмæ æмæ йæ фæрсын райдыдта. Æнкъард уыдис дæлбулкъон Михаил Тимофеевич. Йæ цæстытæ цыдæр тæригъæддаг каст кодтой Софьямæ, цыма дзы афтæ куырдтой: «Дæ хорзæхæй, фервæзын мæ кæн!..» Ныр 294
дыууæ мæйы хуыссы ацы ран, фæлæ ницы æнцойдæр кæны. Рæстæгæй-рæстæгмæ æвиппайды йæхи алхынцъытæ кæны, цикъæйау афæлурс вæййы йæ цæсгом, стæй та йæ сурхид фемæхсы æмæ рафт-бафт сисы йæ хуыссæнуаты. - Нæ, Софья Виссарионовна... Æвæццæгæн æмæ нал слæудзынæн мæ къæхтыл, - зæгъы æнкъард хъæлæсы уагæй рынчын. - Цытæ дзурыс уый? Ау, дæхæдæг æй не ’мбарыс, бирæ кæй фæсæрæндæр дæ, уый? Уæртæ ма айдæнмæ бакæс - абон дæ хуыз дæр бæлвырд хуыздæр у. Тæрсгæ ма кæн, тагъд сыстдзынæ... Афтæ дзырдта Софья уæззау рынчынæн, фæлæ йæхицæн та æнæсцухæй рысти йæ зæрдæ æмæ йæхинымæры хъуыды кодта: «Зын у, тынг зын у ахæм рынчыны мæлæты дзæмбытæй ратонын». Фæлæ уæддæр уый бады Михаил Тимофеевичы уæлхъус æмæ йын дзуры: «Ау, дæхæдæг æй не ’мбарыс, бирæ кæй фæсæрæн- дæр дæ, уый?» Фæлæ сдыз-дыз кодтой рынчыны уæнгтæ. Атартæ сты йæ цæстытæ. Æрбатымбылтæ сты йæ буары æппæт норттæ. Афæлурс йæ цæсгом, былты иу туджы æртах нал аззад... Иу минут, дыууæ... Дохтыр тох кæны æнæхайыры низы ныхмæ. Укол уколы фæстæ... Æппынфæстаг та рынчын йе ’муд æрцыд. Фемæхсти та йæ сурхид. Ссыгъди йæ цæсгом... Æмæ мæнæ Софья æрбахæссын кодта айдæн. Бахаста йæ рынчыны цæсгом- мæ: «Бакæс-ма дæхимæ... Уыныс, дæ хуыз куыд дзæбæх у...» Нæ, дзæбæх нæу рынчыны хуыз. Раст нæ дзуры Софья. Æмбары йæ йæхæдæг дæр, фæлæ уæддæр зæгъы: «Тагъд, тынг тагъд сыстдзынæ». Стыр уад сыстад Софьяйы риуы. Сниуы дзы тымыгъ. Хаттæй-хатт ауазал вæййынц йе уæнгтæ... Бæрæг нæу, ацы адæймаджы цард цы минутыл аскъуындзæн, уый. Фæлæ йæм уæддæр худгæйæ кæсы дохтыр, кæны йын хъазæн ныхæстæ. Хæссы йын цавæрдæр æмбисæндтæ, дзуры йын иннæ рынчынты хабæрттæ. Уый та куыд? Куыд уæнды, йæ мæлæты къахыл чи ныллæууыд, уыцы адæймагæн хъазæн ныхæстæ кæнын? Куыд æм худы? Нæ фæлæ дохтыртæ иууылдæр дурзæрдæ адæймæгтæ сты... 295
Дурзæрдæ?.. Мæнæ ацы хæххон сылгоймаг дæр? Нæ, не сты! Дурзæрдæ нæу Софья дæр... Нæу! Уый мæлæты ныхмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бацыд хъæбысхæсты, иу æмæ дыууæ хатты нæ ратыдта адзалы дзæмбытæй советон æфсæддонты æмæ æндæр адæймæгты цард. Мæнæ уæззау рынчыны цур йæхи афтæ. хъæлдзæг кæй дары, иудадзыг æм мидбылты кæй худы æмæ йын хъазæн ныхæстæ кæй кæны, уыдоны Софья хоны рынчыны тагъдцæр сдзæбæх кæныны психологион мадзæлттæ. Æцæг дохтырæн нæй æнæ афтæ кæнгæ. Мæлæт калмау кæмæ фæцæйхилы æмæ йæ сау æвзæгтæ кæй риуы ныссадзынмæ фæхъавы, уыцы адæймагæн æгъгъæд не сты хостæ æмæ операцигæнæн кæрдтæ. Хъæуы æндæр хостæ дæр, æмæ сæ ары Софья алы хатт, алы уæззау минуг дæр. Йæхæдæг афтæ зæгъы: - Æцæг дохтырмæ æнæбахъаргæ никуы фæуыдзæн цавæрфæнды рынчын адæймаджы тыхст æмæ мæ фервæзын кæн, зæгъгæ, йæ курæг цæстæнгас. Фæлæ дохтыры бон нæу йæ сусæг тасдзинад рынчыны раз раргом кæнын... Æвæццæгæн, уыцы бон дæр уымæн афтæ дардта йæхи Софья Михаил Тимофеевичы раз. Уæд ма рынчыны схудын кæнын дæр йæ бон баци. Фæлæ, изæры йæ фатермæ куы æрбацыд, уæд æрæнкъард йæхæдæг дæр. йæ цæстыты раз лæууыд уæззау рынчыны сурæт. йæ сæр зилæгау кодта. Медицинон чингуыты æмæ алыхуызон низты историты агуырдта цыдæр, фæлæ дзы, æвæццæгæн, зæрдæ цæуыл фæлæууыдаид, ахæмæй ницы ардта æмæ-иу уæд чингуыты иуварс аппæрста. Æрцъынд-иу кодта йæ цæстытæ æмæ йæхинымæры фæлдæхта йæ царды чиныджы сыфтæ æмæ уым дæр агуырдта цыдæр, фæлæ ницы ардта. Хуссайраг æхсæв йæ сау нымæты æрбатыхта æрттивгæ æрдзы. Фæлæ стыр горæт ныгъуылди электрон рухсы денджызы. Раджы аивгъуыдта æмбисæхсæвæй. Фæлæ ма уæддæр йæ фатеры бадтис Софья. Нæй хуыссæн... Нæй! Æмæ æфсæддон дохтыр æмбисæхсæв фистæгæй стыр горæты уынгты араст госпитæльмæ... Афтæ алы бон æмæ алы æхсæв дæр. Цæмæ бæллыдис, уый йæ къухы бафтыд: Михаил Тимофеевич слæууыд йæ къæхтыл 296
æмæ та æмбæлтты æхсæнæй ногæй хъуысынц йæ хъæлдзæг ныхас, йæ бæзджын худт... Æмæ уый Саламаты Софьяйæн йæ фыццаг уæлахиздзинад нæ уыдис. IV Æз кæсын Софьямæ... Уымæн йæ кæдцæры сау хъуымбыл дзыккутæ фæхалас сты. йæ куысты куыд вæййы, ахæм мидбылты худт нæ бады йæ цæсгомыл ныртæккæ. Нæ дзы хауы хъазæн ныхас дæр Æвæццæгæн та бахаудта æхсидгæ, æнæрынцой хъуыдыты зилахары. Цымæ цæуыл хъуыды кæны ацы минут? Кæд, мыййаг, йæ райгуырæн хъæу Хъахъхъæдурыл? Рагæй дзы нал уыдис. Æз ын ныртæккæ радзурин, абон Хъахъхъæдуры цытæ цæуы, уыдоны тыххæй. Зæгъин ын: Куырттаты æфцæгыл бæрзонд фæцыдысты геологион-сгарæг партийы мæсгуытæ. Байгом дзы æрзæткъахæн шахтæтæ. Суанг Джимарайы цъитийы рæбынмæ, салдæттау, фæрсæй-фæрстæм слæууыдысты электрон телыхъæдтæ æмæ кæмтты, хæхты фæхстыл тæмæнтæ калынц мингай цырæгътæ. Хæххон фæсивæд ныббырстой тызмæг æрдзы ныхмæ. Фæндæгтæ айгæрстой хæхты зæрдæты суанг Хъæрмæдоны онг... Стæй йæ бафæрсин: - Нæ дæ фæнды уыдæттæ фенын? Фæлæ йæм мæ ныфс нæ хæссын: мыййаг, кæд æндæр, цавæрдæр æхсызгон хъуыдыты денджызы аленк кодта? Æмæ уæд йæ цæсгом афтæ сагъæсхуыз уаид? Чи зоны æмæ, йæ цæстыты раз æрлæууыд зæронд Хъахъхъæдур. йæ фыды æрдæгхæлд мæсыг... Мартъийы мæй... Уынгты хæлхæлгæнгæ згъорынц митдæттæ. Хъæугæрон, фыдохы цыртытау, лæууынц рагон зæппæдзтæ... Бонхæрæнæй хъуысы æххормаг роды тæригъæддаг уасын... Иунæг гал уыдис Саламаты хæдзары æмæ уымæн дæр цæдисы куыстæй, къодахау, ныррæсыд йæ бæрзæй... Тохнатæй кæлы сæнары хъыхъхъаг фæздæг æмæ йæ рагуалдзæджы дымгæ хæссы хæхтырдæм... Хæхты та сыстад уад, æнæхайыры уад æмæ йын банцайæн нал ис йæ æхсидтæй. Хъуысы зæйты гыбар- гыбур... Мæнæ хъæуы судзаггаг зиан æрцыд... О, судзаггаг зиан: бабын ис Саламаты хæдзар, амард мæгуыр Виссарион... 297
Кæд, мыййаг, уыцы нывтæ ахъазыдысты Софьяйы цæстыты раз ныртæккæ? Æвæццæгæн, уыдон сты, уый йедцæмæ афтæ æрхæндæг нæ уаид ацы сахат. О, фæлæуу, æмæ кæд æндæр нывтæ сты, уæд та?.. Сабитæ сидзæрæй аззадысты хъæуы уæзæгыл. Стæй сæ сæууон мигъы хуызæн царды уылæнтæ айстой сæ разæй. Софья йæ райгуырæн хъæуæй æрбафтыд Чъребамæ. Ам каст фæци райдиан скъола, фæлæ йын дардцæр ахуыр кæныны фадат нæ уыд: хъуыди истæмæй цæрын. Æмæ æрыгон чызг бацыд газет «Хурзæрин»-ы редакцийы типографимæ дамгъæтæ æмбырдгæнæгæй... Цард æхсыст Софьяйы алыварс. Райгуырæн бæстæ райтыгъта йæ домбай базыртæ æмæ йæхи исын райдыдта экономикон æмæ кулыурон рæзты бæрзæндтæм æмæ уый тыххæй газет «Хурзæрин»-ы фæрстыл зæрдæргъæвд чызг кастис бирæ æрмæг æмæ йæ æрфæндыд дарддæр ахуыры фæндагыл ацæуын. Калачы бацыдис рабфакмæ æмæ йæ каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Фæлæ йæ ног заманы гуылфæнтæ семæ хастой дарддæр... Ленинград... С. М. Кировы номыл Хæстон-медицинон академи. Уырдæм ахуыр кæнынмæ кæй райстой, уыцы фыццаг сылгоймæгты ’хсæн уыдис хæххон чызг Саламаты Софья дæр. Софья - Хæстон-медицинон академийы! Академийы фæстæ - æфсæддон службæ. 1935 аз. Дард Даури... Æфсæддон хайы коммунисттæ Саламаты Софьяйы райстой Ленины цытджын партимæ, цардмæ йын фæндаг чи байгом кодта, хæххон сылгоймаджы хъадамантæ чи райхæлдта, уыцы номдзыд партийы рæнхъытæм. Уыцы бон Софья йæ боныджы ныффыста æрмæст цалдæр дзырды: «Абон æз райгуырдтæн дыккаг хатт... Парти, ныр æз дæр дæ тугдадзинтæй иу дæн, æмæ дын ард хæрын, дæ сидтмæ, дæ сæрвæлтау мæ уд дæр рауæлдай кæндзынæн мæ туджы фæстаг æртахы онг»... Хæххон чызг нæ фæсайдта йæ сомы. Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау уый тохы фæндагыл цæуын райдыдта 1939 азы, урсфинтимæ карз хæстыты рæстæг... Цæгатаг уазал зымæг. Карз тымыгътæ. Астæумæ мит... Тар хъæды тъæпæнтæ... Мингай 298
цъымаратæ... Сармадзанты нæрын, пулемётты къæр-къæр... Цæф æфсæддонты хъæрзын... Туджы лæсæнтæ... Цы нæ бавзæрста, цы нæ федта хæххон чызг йæ уарзон царды ’мбал Алыксандримæ. 05 уæд фæрсæй-фæрстæм тох кодтой дыууæ æмбалы!.. Фæлæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, æмæ сæ тохы тымыгътæ фескъуыдтой кæрæдзийæ, фæхастой сæ фæйнæрдæм. Ленины цытджын горæтыл знаг, сау, калмау куы æртыхст æмæ йæ туджы куы мæцыд, уыцы бонты Алыксандр ам уыдис, Софья та - æндæр фронты. Æрмæст цыппар чысыл писмойы ныффыссын бафтьщ Алыксандры къухы йæ хæстон бинойнагмæ. Уæззау тохты кæрæй-кæронмæ ахаста уыцы писмоты Софья æмæ сæ хъахъхъæдта стыр хæзнайау. Мæнæ йæ иу письмо: «Æз зонын, — фыста Алыксандр, — иудадзыг дæр уæззау уавæры кæй дæ, уый... Ахæм уавæры ис æгас бæстæ дæр... Мæ зынаргъ, стыр хæс æвæрд ис махыл...» Æндæр ницы фыст уыдис уыцы писмойы. Фæлæ дзы алы дзырд, суанг алы стъæлфы дæр адæймаг у ыны патриоты сыгъдæг цæсгом æмæ фидар ныфс. Алыксандр æууæндыд, знагыл кæй фæуæлахиз уыдзыстæм, ууыл, фæлæ йын нал бантыст уыцы бæллиццаг бон фенын... Хъæбатырæй фæмард 1942 азы, тьæнджы мæйы фарæстæм бон... Ныфс æмæ æхсар хъуыд ахæм уæззау зиан бауромынæн. Ахæм ныфс æмæ æхсар разындис Софьямæ. йæхæдæг дæр бирæ хатт мæцыди йæ туджы. Фæлæ никуы æрызгъæлдысты йæ уæнгтæ, никуы асасти йæ зæрдæ... Æмæ мæнæ ныр кæсын уыцы диссаджы сылгоймаджы цæсгоммæ. Фыццагау ныр дæр иу у йæ нысан, йæ бæллиц: тох æнæхатыр мæлæты ныхмæ! Хæсты азты дæргъы уый фервæзын кодта мингай æфсæддонтæ æмæ афицерты... Уый тыххæй йын парти æмæ Советон хицауад скодтой стыр аргъ: радтой йын Ленины орден, Сырх тырысайы орден, Фыдыбæстæйы хæсты дыккаг къæпхæны орден, Сырх стъалыйы орден æмæ цалдæр майданы, йæ бюст та йын, куыд загътон, афтæмæй, сæвæрдтой, кæм ахуыр кодта, уыцы Хæстон-медицинон академийы... 299
* * * - Æвæдза куыд тагъд згъорынц азтæ, - йæ мидбылты зына- нæзына худы Софья æмæ нæм æвдисы, рæстæг кæй сбур кодта, ахæм газеттæ æмæ писмотæ. Бирæ сты уыдон. Алкæуыл дæр сæ баззад хæсты уæззау фæд... Мæнæ цалдæр писмойы. Иууылдæр сты кърандасæй фыст. Ранæй-рæтты дзы равзарæн ницуал ис. Фæлæ сæ уæддæр æхсæнмæ-’хсæнты кæсæм æмæ сыи ахсæм сæ иумæйаг хъуыдытæ. Чи сæ ныффыста? Хуымæтæджы советон æфсæддонтæ Жилов, Гуров, Соловьев, Гоголь... Хъæбул йæ уарзон ныййарæг мадæй куыд бузныг вæййы, афтæ бузныг сты уыдон иууылдæр Софьяйæ, знаджы нæмгуыты бынæй сæ кæй рахаста, уый тыххæй. Бирæ сты ахæм фыстытæ... Уый уыдис хæххон чызджы хæстон зын фæндаг. Æмæ ныр дæр Софья ис царды гуылфæнты. У ый разамынд дæтты Тбилисийы окруджы æфсæддон госпитæлы терапевтон хайадæн. Хæсты уæззау бонтæ йын арф хъæдгæмттæ ныууагътой йæ зæрдæйы. Фæлæ медицинон службæйы булкъон Саламаты Софья дарддæр дæр цæуы йæ кадджын фæндагыл, партийæн, советон адæмæн лæггад кæныны цытджын фæндагыл. -^с©8©>— 300
Хъазбегты Хъазбег ÆНÆМÆЛГÆ НАМЫС 1942 аз. Декабры фыццæгæм бонтæ... Мигъджын æхсæв. Волгæйырдыгæй дымгæ къуыззитт кæны. Уазал. Къуындæг блиндажы асыккыл бады ныллæггомау, фæтæнриу булкъон гвардион полчъы командир Филипов. Тагъд-тагъдæй сухаритимæ цымы цай, йæ бур рихитæ, гвардион æгъдаумæ гæсгæ, хæрдмæ здыхт, йæ цæстæнгас - тар. - Æмбал булкъон, иу лейтенанты фæнды æрбацæуын! - загъта адъютант, блиндажмæ æрбахизгæйæ. -Фæдзурæм! Цалдæр минуты фæстæ булкъоны раз лæууыди рæстæмбис, фæлæ стæвдтæарæзт, сауæрфыг, æвзонг лейтенант. Филипов сармадзаны гилдзæй конд æхсæвсудзæны мынæг рухсмæ райхæлдта, лейтенант æм цы гæххæтт балæвæрдта, уый, стæй йæ афарста: -Ирон? - Ирон, — дзуапп радта лейтенант. - Кæцы ранæй? - Орджоникидзейы горæтæй. - Мæ иубæстон! - хъæлдзæгæй загъта Филипов. Æз прохладнæйаг дæн. Хæсты агъоммæ ахуыр кодтон Орджоникидзейы, хъæууонхæдзарадон институты. Бирæ зонгæтæ мын уыд уым. - Лейтенантмæ хуыздæр æркæстытæ кодта æмæ та йæ афарста: - Хæсты уыдтæ? -Уыдтæн, æмбал булкъон! Цæф дæр фæдæн. - Æфсæддон хъуыддагыл та кæм ахуыр кодтай? - Свердловскы æфсæддон училищейы. - Партион дæ? - О, æмбал булкъон! Иучысыл-ма ахъуыды кодта Филипов, тамако сдымдта, стæй, йæ цæсгом фæтызмæгдæр: - Зын у, мæ иубæстон, фæлæ бафæраздзыстæм... 301
- Бафæраздзыстæм, æмбал булкъон! - Уæдæ афтæ, æмбал Гусы-фырт, æрвитын дæ дыккæгæм батальонмæ, ротæйы командирæй. Уырны мæ, сарæхсдзынæ! - Дæ зæрдæ мыл дар!.. Дзуапп радта Георги æмæ адъютантимæ рахыст булкъоны блиндажæй. Уынгæг траншейæты фæрасг сты батальонырдæм. Æхсæв уыдис тар. Здыхуыз мигьтæ сæхи ныллæг æруагътой, дымгæ фыццагау ниудта. Уæлдæфы та æхсидт кодтой нæмгуытæ... Лейтенант Гусы-фырт бахæццæ батальонмæ æмæ базонгæ командиримæ... Георги къамандæ кæнын райдыдта ротæйæн. Базыдта йæ салдæтты зæрдæйы уаг, бауарзтой йæ уыдондæр... Мæнæта ногæйхæстстынп Ниуынцтазнаджыхæдтæхджытæ, сæдæгай бомбæтæ æппарынц горæтыл, размæ бырынцтанкæтæ... Бæстæ судзы, пиллон уадзы... Советон хæстонтæ, гвардионтæ хъæдцыхæй лæууынц сæ размæ. Гусы-фырты салдæттæ хæстон бынæттæ æрцахстой иу хæлд хæдзары æмæ æнауæрдонæй тох кæнынц. Хæстæг æрбауадзынц гитлеронты, стæй сыл пулемёттæ æмæ автоматтæй æвиппайды ныккалынц æмæ та фæстæмæ цыдæр æрбавæййынц... Фашисттæ ацы хъуыддаг бафиппайдтой æмæ миномёттæй æхсын райдыдтой хæлд хæдзар. Ныр дзы змæлæг дæр нал ис, зæгъгæ, æнхъæлдтой. Æмæ та ногæй сарæзтой тыхджын ныббырст. Фæлæ та сæ ныхмæ æрлæууыдысты гвардионтæ, æмæ та сыл ногæй ауагътой судзгæ нæмгуыты зæй... Карз хæстытæ æнæрынцойæ фæцыдысты 16 сахаты. Гусаты Георгийы ротæ лæууыдис ахсджиаг бынаты, уымæ гæсгæ йын йæ хæстон архайдмæ йæ цæст дардта булкъон Филипов. - Афтæ, афтæ... Гъе, уый командир у... хæххон цæргæс!.. Фенцадысты ныббырстытæ. Æиахуыр сабыр ныцци бæстæ. Гусаты Георгийы хæстонтæй уыцы карз тохы сæ цард хъæбатырæй радтой Фыдыбæсты сæраппонд бирæ æмбæлттæ. Æфсæддонты маст æгæрон у. Риссынц сæ зæрдæтæ сæ зынаргъ æмбæлттыл. 302
Гвардионтæ систой сæ худтæ æмæ æнæдзургæйæ слæууыды- сты. Уырдæм фæзынди булкъон Филипов дæр. Гусы-фырт ын рапорт раттынмæ хъавыд, фæлæ булкъон йæ худ систа æмæ за- гъта: - Рухсаг уæнт. Æнустæм сын нæ зæрдæты цæрæнт сæ нæмттæ!.. Уый фæстæ æфсæддонтæн сæ хъæбатырдзинады фæдыл арфæ ракодта 62 гвардион армийы командæгæнæг генерал-лейтенант Чуйковы номæй. - Дæуæн та, хæххон уари, - загъта уый Гусаты Георгийæн, - æз арфæ кæнын мæхи номæй. Райста йын йæ къух, стæй йын æвиппайды фемдзаст йæ къахмæ. Йæ цырыхъхъæй æддæмæ хъардта туг. - Афтæ стырзæрдæ цæмæн дæ? - бауайдзæф ын кодта уый. - Уымæн хъæбатырдзинад æнхъæл дæ? Тагъддæр санбатмæ! - Хъусын, æмбал булкъон! Къорд боны фæстæ райдыдтой, уæды онг чи нæмауыдис, ахæм стыр бырстытæ. Сталинграды ма ранæй-рæтты цы æрдæгконд хæдзæрттæ баззад, уыдон дæр ныр бынтон пырхгонд цыдысты. Фашистты æрдонгтæ хъавыдысты Советон Æфсады ныддæрæн кæнынмæ. Генерал Чуйков æхсæвыгон аивта йæ командæгæнæн бынат, раздæр æй ахаста. Уыцы хабар гвардионты уæнгты бауагъта ноджы фылдæр хъару. Паулюсы æфсадыл фæзындысты сæфтæмæ мæлæты нысæнт- тæ, афоныл æм нал хæццæ кодтой хæринаг, хæцæнгæрзтæ, гилдзытæ, чъылдымы йæ партизантæ æнцад нал уагътой, æдыхæй-æдыхдæргæнгæ цыдис йе ’фсад. Гвардионтæ цы бонмæ æнхъæлмæ кастысты, уый æрхæццæ! Советон æфсæдтæ æрзылдысты Паулюсыл, 62 арми та райдыдта бырсын. Нæ хæдтæхджытæ тахтысты сæдæгæйттæй, катюшæтæ арт æфтыдтой гитлеронтыл, мингай сармадзантæ æхстой æнæрынцойæ, нæ танкæтæ бырстой размæ. Сталинграды оборонæ рахызтис егъау бырстмæ. Советон Æфсады стыр æнтыстыл дис кодтой капиталистон падцзахæдтæ. Гитлерон æфсады намыс æмæ хур аныгуылди. Сталинграды вулкан банцад, Волгæ фервæзтис знаджы бырстæй... 303
1943 аз. Рагуалдзæп Гвардионты стыр бырст Сталинградæй Ростовмæ, Волгæйæ Азовы денджызы онг фæцис, цыбыр рæстæгмæ цы æфсæддон фæндагыл рацыдысты, уый дæргъ уыди 600 километры. Ныр хъуамæ суагътаиккой сæ фæллад, бамбырд кодтаиккой сæ тыхтæ дарддæры бырстытæм. Филиповы æфсæддон хай æрлæууыдис Ростовы хурныгуылæн фарс Койсухы. Номдзьщ зæронд горæты центры ницыуал ныууагътой гитлеронтæ. Иу агъуыст дæр дзы нал уыд æнæ хæлд кæнæ æнæ сыгъд. Гусаты Георгийы ротæ йæхицæн æрбынат кодта Сельмашмæ æввахс. Афтæ сабыр рагæй дæр нал уыдис бæстæ. Сталинграды тохгæнджытыл ахæм æхсæв фыццаг хатт скодта. Фæлладæй æнцад хуыссыдысты æфсæдцонтæ, фæлæ сæ иуæй-иутæм хуыссæг æмгæрон нæ цыд; нæ сæ уырныдта, ахæм сабырдзинад хуымæтæджы уа, уый... Райсомæй хурбон скодта. Гвардион полкъ слæууыдис командæмæ гæсгæ, сæ тырыса сыгъдæг цъæх уæлдæфы фæйлыдта. Булкъон Филипов арфæйы ныхас загъта салдæттæ, сержанттæ æмæ афицертæн, стæй бакастис уæлдæр командæйы приказ, уым гвардион полкъæн, йæ хæстон хæс тынг хорз æмæ арæхстджынæй кæй сæххæст кодта, уый тыххæй, хаст æрцыдис арфæдзинад. Уый фæстæ ротæгай фæраст сты аходæн хæрынмæ иу даргъ сарайырдæм. Фæлæ уыцы минут райхъуысти командæ: -Траншеямæ! Гвардионтæ сæхи фæфæсвæд кодтой. Фашистон хæд- тæхджытæ æрбахъуызыдысты Таганроджырдыгæй, тахтысты ныллæг, цæмæй дардмæ нæ зындаиккой, уый тыххæй. Сæ ны- сан уыдис цалдæр боны разæй Доны сæрты цы ног хид скодтой, æмæ ныр, советон æфсæддон хæйттæ кæуылты цæуынц, уый фехалын. Гитлерон пираттæ куыддæр хидырдæм фæхæстæг сты, афтæ сæ æхсын байдыдтой. нæ зениткæтæ, снарядтæ сæм рæмыгътой хæстæг æмæ уайтагъд сæхи бæрзондмæ исыныл фесты; уырдыгæй хъуамæ сæхи æвиппайды хиды сæрмæ æруадзой æмæ йыл æрæппарой бомбæтæ. 304
Уалынмæ нæхи хæдтæхджытæ дæр фæзындысты. Гварди- онтæ сцин кодтой, кæйдæр хъæр фæцыдис: - Гъе, гъе, афтæ!.. - æмæ æцæгдæр, знаджы хæдтæхджытæй сæ иуæн йæ пиллон скалдта. - Афтæ, гъе!.. Уæ цæрæнбон бирæ!.. - хъуыстысты гвардионты хъæлдзæг ныхæстæ... Гвардийы лейтенант Гусаты Георгийы ротæ тактикон ахуыр кодта фæсгорæт доны былыл. Ахуыры фæстæ ныхас кодтой сæ архайдцзинадыл, ротæ йæ размæ цы хæстæ æрæвæрдта, уыдон куыд æххæстгонд æрцыдысты, ууыл. Уыцы рæстæджы æрбацыд полчъы командир. Филипов сæм байхъуыста, раппæлыдис сын се ’фсæддон ахуыры арæхстдзинадæй, стæй хæрзæггурæггаджы ныхас загъта Гусы-фырт, Коваленко æмæ Яковенкойæн: - Дæ къух дын исын, æмбал Гусы-фырт. Абонæй фæстæмæ уыдзынæ гвардийы хистæр лейтенант, уый иу, иннæмæй та дын Сталинграды хæстыты тыххæй уæлдæр командæкæнынад радта стыр хæрзиуæг - Сырх Стъалыйы орден! Сымахæн дæр, æмбæлттæ, арфæ кæцын! Дæуæн, сержант Коваленко, лæвæрд æрцыди старшинайы ном, командæ кæндзынæ взводæн. Дæуæн та Яковенко, лæвæрд æрцыдис сержанты ном æмæ командæ кæндзынæ отделенийæн!.. Гвардионтæ цыдысты Миус - фронтмæ. Хæстон рубежы раз фронт сусæгæй йæхи арф æрæмбæхста. Миусы чысыл йеддæмæ дон нæ уыдис, тæвд рæстæджы бахус. Фæлæ ма бынæттон цæрджытæй чи фервæзт, у ыцы зæронд лæгтæ сæ сæртæ тилгæйæ, æнкъардæй загътой: - Хуыцау зæгьæд, нæ зынаргъ хъæбултæ, æмæ цæмæй ацы чысыл доныл дзæбæхæй баирвæзат. Мах хорз хъуыды кæнæм, 1942 азы советон æфсæдтæ стыр лæгдзинадимæ бырстой ацы фидæрттæм, фæлæ сын ницы бацис сæ бон æмæ сæ ныууагътой... Миус-фронты фидæрттыл фашистон афицертæ æнæ дызæрдыгæй дардтой сæ зæрдæ æмæ сæрыстырæй дзырдтой: - О, Миус-фронт- колоссаль!.. Фидæрттæ арæзт æрцыдысты Миусы хурныгуылæн бæрзонд былтыл, суанг донгуырæнæй Азовы денджызы онг. 305 20
Булкъон Филиповы æфсæдцон хай лæууыдис бырсты фенкъуысæны. Гусы-фырты-иу йæ салдæттæ арæх фарстой: - Æмбал гвардийы хистæр лейтенант, цæттæ куы стæм, кæд фезмæлдзыстæм? - Тагъд ма кæнут, ам уыдзæн «чысыл Сталинград». Кæд хъæуа, уæд уыдзæн приказ, - дзырдта комбат. Бырстытæ райдыдтой æнæнхъæлæджы. Æхстой мингай сармадзантæ, æхсидт кодтой бомбæтæ, æмæ зæхх цырен уагъта... Знаджы траншеятæ байдзаг сты мæрдтæй. Фыццæгæм боны хæстыты советон æфсæддон хæйттæ Миус-фронты бацахстой гитлерон батальонтæ æмæ полкъты штабтæ æмæ уым федтой, сармадзантæ æмæ бомбæты уынæрæй чи бакъуырма æмæ чи фæсонт, ахæм фрицты. Гитлерон инæлæрттæ куы федтой Миус-фронты уавæр, уæд хорзау нал фесты æмæ се’фсæддон хъарутæ Орловæй, Белгородæй, Харьковæй æппарын райдыдтой ацы фронтмæ. Фылдæрæй-фылдæр кодтой знаджы тыхтæ, фæлæ уæдцæр гвардионты бырстæн бауромæн нал уыд. 18 августы советон гвардионтæ барæмыгътой фронт. Ацы ран, бырстыты рæстæджы Гусаты Георгийæн йæ галиу сыхаг уыдис гвардийы майор Бердниковы батальон. Бердников уæззау цæф фæцис æмæ командæ йæхимæ райста Гусы-фырт. Тох карзæй-карздæр кодта, фæлæ Гусы-фырты æфсæддонтæ, иу фидар иннæйы фæдыл исгæйæ, бырстой размæ. Гусы-фырты æфсæддон хай бырста тæккæ тыхджындæр фидар Саур-могилæйы ныхмæ. Уыцы дынджыр обауы къæйтæ дзаг уыдысты дзоттæ æмæ амбразурæтæй, æмæ бырсæг советон æфсадыл згъæлдтой æнæнымæц нæмгуытæ. Хæстытæ цыдысты цалдæр боны. Иу райсом Гусы-фыртæн лæвæрд æрцыдис тынг зын æххæстгæнæн хæс, цæмæй уый ныддæрæн кодтаид, зын бацæуæн кæмæ уыдис, ахæм знаджы амбразурæтæ Саур- магилæйы бæрзондыл. Комбат бацæттæ кодта йæ фæлтæрд гвардионты, дæсны архайдæй сбырыдысты знаджы фидæрттæм, ныккалдтой сыл пулеметтæ æмæ автоматтæй, куы сæм фæхæстæг 306
сты, уæд та гранатæтæй, уæдмæ фехъуыстис комбаты хъæбатыр хъæлæс: -Размæ, нæ Фыдыбæстæйы сæраппонд!.. Салдæттæ се’ппæт дæр уыциу æппæрст бакодтой сæхи гитлеронты фидæрттæм, уыцы рæстæджы Георгийы уæхск фæцæф, уæддæр нæ ныууагъта йæ тох. Хæс æххæстгонд æрцыдис. Самбеджы бæрзæндтæ сыгъдæггонд æрцыдысты знагæй. Гитлеронтæй фæмард тынг бирæ, бирæ фæхъуыдис советон æфсæддонтæй дæр. Уый фæстæ фашисттæ лидзынмæ фесты Таганрогæй дæр, фæлæ сæ дардмæ нæ рауагъта номдзыд бæхджын æфсады командарм Плиты Иссæ. Фенкъуысыдис Миус-фронт, æмæ Советон Æфсад ноджы тынгдæр дæрæн кæнын байдыдта гитлеронты, уæгъд кодтой иу горæт иннæ горæты фæдыл. Ацы хæстыты Гусы-фыртæн лæвæрд æрцыдис Сырх Тырысайы орден... 1943 аз, сентябры мæй. Украинæйы цыппæрæм фронт æрлæууыдис Мелитопольмæ æввахс. Гвардийыхистæр лейтенант Гусаты Георги цалдæр боны госпитæлы фæцис. Стæй та ногæй уыд хæсты цæхæры. Гусы-фырт базыдта, Филипов уæззау цæф кæй фæцис æмæ йæ дард фæсфронтмæ кæй арвыстой, уый. Георги фенкъард, фæлæ йын гвардионтæ раппæлыдысты сæ ног командир-гвардийы майор Бачилойæ æмæ уæд йæ цæсгом фæрухсдæр. Бачило, æрыгон, цъæхдзаст, бурхил, хъазаг, хорз командир, куыддæр фехъуыста Гусаты Георгийы хабар, афтæ йæм фæдзырдта, сбадын æй кодта йæ размæ æмæ йæ йе ’нæниздзинадæй бафарста: Ахæм рæтты Георги хъаст никуы кодта. Хорз у, зæгъгæ, дзуапп радта йæ ног командирæн. - Хорз, уæдæ, командæ кæндзынæ дæхи батальонæн. Ис дзы ног адæм æмæ семæ базонгæ у,— дзырдта Бачило, — ныртæккæ та нæ хæстон уавæр у афтæ. Дон Млочнойы хурныгуылæн фарсы знæгтæ сарæзтой ног тыхджын ахæм фидæрттæ, йæ къулы бæрзæндтæ сты фондз метры. Уым ныгæд сты тыхджын танкæтæ «Тигртæ» æмæ «Пантерæтæ», уым ис мингай дардмæ 307
æхсæн сармадзантæ, пулеметтæ. Сæ рафæлгæсæнтæ сты хорз, мах кæм лæууæм, уыцы бынæттæ сæм зынынц дзæбæх. Немыцаг инæлæрттæ нын ацы ран раттынмæ хъавынц мæлæтдзаг ныхкъуырд. Фидæрттæм бацæуæнты зæххы ныгæд ис 130 вагоны минæтæ, хысхаст телтæ 340 вагоны бæрц. Гитлеронтæ ацы фидæрттæ схуыдтой хæсты Хуыцау. Сæ пъланмæ гæсгæ, мах фæстæмæ аппардзысты, сæхæдæг сæ зымæг арвитдзысты ам, æрæмбырд кæндзысты сæ хъарутæ, стæй та рагуалдзæджы бырсын райдайдзысты. Куыд дæм кæсынц сæ уынаффæтæ? Полчъы ног командир лæмбынæгæй фæныхас кодта Георгиимæ дарддæры хъуыдцæгтыл. Æрхæццæ сты ног бырстыты бонтæ. Уæлдæр командовани радта приказ, цæмæй райдайа фидæртты штурм. Майор Бачило фæдзырдта батальонты командиртæм æмæ сын загъта цыбырæй: - Æмбæлттæ командиртæ, райсом, 30 сентябры, дыууæ сахатыл райдайдзæн карз бырст, нæ хæцæны уæрх у æрмæстдæр 300 метры, уыдонæй алы батальонмæ дæр хауы 100 метры. Мæ уынаффæмæ гæсгæ, райсом сихорыл, штурм кæцæй райдайдзæн, уырдæм, æмбæхст рæттыл, немыц хæлиудзыхæй куыд аззайой, афтæмæй фыццагдæр цæудзæн Широбоковы батальон, стæй цыппар сахаты фæстæ Гусы-фырты батальон. Изæрæй та Кальнышы батальон, æз мæхæдæг дæр уыдзынæн уыцы батальонимæ. Фыццаг уал, знаг уæ куыд нæ бафиппайа, афтæмæй бырсут фидармæ. Штурмы агъоммæ, нæ хъарутæ хъуамæ æрæмбырд кæнæм фидæрттæм æввахс, бæрзонд хъæз кæм зайы, уыцы цъымарамæ. Тынг зын уыдзæнис, фæлæ цыфæндыйæ дæр бафæразут... Уыдис тар æхсæв. Æртæ æфсæддон æмбалы, æртæ батальоны командиртæ цыдысты иумæ, цыдысты уынгæг траншеяты, цыдысты æмæ алчидæр хъуыды кодта йæ райсомы ахсджиаг æмæ уæззау хæсыл, «Вотанмæ» - фидæрттæм куыд бырсдзæн, ууыл. Хъуамæ фæхицæн уой. Комбаттæ чысыл алæууыдысты æнæдзургæйæ, стæй райдыдта Георги: - Цæй, цæуæм фæйнæрдæм. Райсом фембæлдзыстæм хæцæны, хъуамæ архайæм æмзондæй! 308
- Кæрæдзийы нæ фæсайдзыстæм, - радта дзуапп Широбоков. - Æз дæр нысангонд рæстæгмæ уыдзынæн уым, - загъта Кальныш. Георги йæ блиндажы æрбаййæфта Коваленкойы, уый йæ уайтагъд афарста: - Цæй, куыд у, æмбал хисгæр лейтенант? - Бырсæм райсом, - загъта Георги, æрбадгæйæ. Райсомæй фæссихор Широбоков æнæнхъæлæджы йæ бата- льон баппæрста чысыл хъæу Мордвиновкæмæ, стæй уырдыгæй нысангонд бынатмæ. Гитлеронтæ уыцы афон бырст никуыма федтой, æмæ, цалынмæ сæ хæцæнгæрзтæм æвнæлдтой, уæдмæ Широбоковы æфсæдцонтæ пыма, дæлзæхх фесты, афтæ æрбай- сæфтысты. Немыц райдыдтой æхсын, фæлæ дзæгъæлы; снаряд- тæ хаудысты æндæр ран, мур дæр нæ бахъыгдардтой гвардион- ты. Широбоковы батальон бæрзонд хъæзы æхсæн цъымарайы арæхстгай, сæ синтыл пулеметтæ æмæ минометтæ, афтæмæй бабырыдысты дон Молочнойы былмæ. Æрсабыр ис æхст. Аныгуылд хур. Æрхæццæ ис Гусаты Георгийы батальоны бырсты рæстæг дæр. Уый ма æркастис йæ хæстонты гæрзивтонгдзинадмæ, стæй сын загъта: - Ард бахæрæм, иу лæгау, арвы æрттывды хуызæн, æвиппайды кæй бырсдзыстæм, куы бахъæуа, уæд нæ цард дæр кæй нæ бавгъау кæндзыстæм, Сталинграды орденджын тырыса кæй нæ фегад кæндзыстæм, ууыл! - Ард хæрæм! - загътой æмдзыхæй гвардионтæ. Райдыдта бырстмæ цæттæ кæныны архайд. Цыбыр рæстæджы фæстæ гвардийы хистæр лейтенант Гусаты Георгийы батальон æд асинтæ æмæ æфсæддон рæвдзæй фæмидæг хъæзы, бахæццæ ис Широбоковы æфсæддон хаймæ æмæ уыдоны размæ æрлæууыд. Уæдмæ æрбахæццæ Кальнышы батальон дæр. Василий Бачилойы полкъ уыдис цæттæ йе’фсæддон хæс æххæст кæнынмæ. - Æрхæццæ бырсты рæстæг! - фехъуыстис кæйдæр хъæлæс. - Размæ, - загъта фидарæй Гусы-фырт æмæ штурмгæнæг къордтæ арæхстгай фезмæлыдысты. Къæхты бын хъуыр-хъуыр кодта цъымара. Размæ цæуын хъыгдардтой фæлдæхт хъæзы 309
сыфтæртæ. Фæхицæн сты цъымарайæ, зæххыл æрæвæрдтой сæ асинтæ. Цавæрдæр фæтæнуæхскджын гвардион, йæ фарсыл бел, йæ астæуыл гранатæтæ ауыгъд, йæ уæлæ автомат, размæ бауад æмæ æрхуыссьщис зæххыл, йæ синтыл ын сæвæрдтой асинтæ. Уый уыдис ротæйы парторг Коваленко. Гвардионтæ, цас гæнæн ис, уыйас æнæ сыбырттæй бырынц размæ. Æрбаввахс сты «Вотанмæ». Ацы хъæбатыр штурмы тыххæй фыссæг В. Величко газет «Правда»-йы 1943 азы 24 ноябры фыста: «Уыдис 1 сахат æмæ 00 минуты æхсæвы... Сау æндæрг... Æнцад... Бачилойы фæлгæсæн бынатæй арвмæ сфардæг ис урс ракетæ, -уый уыдис штурм райдайæны нысан. Схъил сты асинтæ æмæ фенкъуысыдысты фидары къулырдæм. Знаджырдыгæй ныппæррæст кодтой ракетæтæ, фæлæ уæдмæ штурмгæнджытæ бахæццæ сты «Вотаны» фидары бæрзонд къулмæ. Æрбайсæфтис мæйдар. Райхъал æмæ сызмæлыд «Вотаны» къул. Автоматтæ. пулеметтæ æмæ гранатты рæмыгьды пиллон артау сыстадис фидар къулыл. Гвардионтæ-иу æнæнхъæлæджы фæзындысты фидары къулыл æмæ немыцыл ныццавтой сæхи. Бæндæнтæй хæрдмæ ластой станокджын пулеметтæ. Асинтæ фаг кæм нæ кодта, уым иу иннæйы уæхскыл, афтæмæй къулы сæрмæ бырыдысты гвардионтæ. Асинты хъыс-хъыс цыд... «Вотаны» фидар хæсты цæхæрæй гуыв-гуыв кодта... Æртæ батальоны дæр къулы уæлæ фесты. Тохы цæхæр рапарахатдæр, фидар арты донхауæнау фыхтис. Цыма «Вотаны» сæрмæ мингай цæргæсты цъæхахст хъуыстис, уыйау къуыззит цыд. Уый уыдис, гвардионтæ уæлкъул кæй æрфидар сты æмæ ныр дарддæр бырсын кæй хъæуы, уый нысан. Фидары къулыл фæзындис комбат Широбоков, йæ уæлæ урс худ, йæ фарсмæ лæууыдысты иннæ комбаттæ Гусы-фырт æмæ Кальныш дæр... - Цæфтæн пулеметты раз æрцæттæ кæнын хъæуы дон, - радта приказ Широбоков. Кæстæр лейтенант Имоналиевы фæндзæм ротæ, лейтенант Юрьевы дыккæгæм ротæ æмæ кæстæр лейтенант Аубакировы æвдæм ротæтæ ныр хæцыдысты дыргъдæтты... Зæхх æнкъуысыд... Æрмæст дæр ныр бамбæрстой немыц, цы æрцыдис, уый. 310
Цыбыр рæстæджы фæстæ райдыдта фыццаг контратакæ знаджырдыгæй. «Вотаны» къулыл бацайдагъ тугуарæн хæстытæ. Знаг иу бырст кодта, иннæ бырсты фæдыл. Немыц къулæй æрхызтысты эскортмæ æмæ бырсын райдыдтой флангтырдыгæй. У ыцы рæстæджы байгом сты бункертæ æмæ сæ рабырыдысты «Тигртæ» æмæ «Артштурмтæ». Сæ нæрын хъуыстис æппæт цæхæрадæтты дæр. Сабыргай къулырдæм хастой сæ хæтæлтæ. Гвардионтæ фæлмæцын байдыдтой. Ныр суткæйæ фылдæр арт уадзы хæцæн. Нал уыд дон æмæ станокджын пулеметтæй бирæтæ нал куыстой... Афтæ ма аивгьуыдта иу бон дæр. Уæдцæр фыццагау нæрыдис «Вотаны» къул. Дыккæгæм октябры, талынг кæнын ку ы райдыдта, уæд райдыдта немыцы 53 -æм контратакæ... Комбаттæ æрлæууыдысты сæ салдæтты разæй. Фæлмæст батальонтæ сæхи баппæрстой карз хъæбысхæстмæ. Комбат Гусаты Георги смидæг немыцæгты æхсæн æмæ сæ джебогъæй дæрæнгæнгæ бацыд, фæлæ йæхæдæг дæр, йæ тугпырхгæнгæйæ, æрхаудта. Александр Широбоков ма зындис йæ урс худимæ. Гитлеронтæн кæрон нал уыдис. Йæ револьвер фелвæста, æркъæпп æй кодта, фæлæ дзы иу нæмыг дар нал уыд. Уæд Широбоков, чи йæм æрбахæццæ ис, уый къæбут револьверæй ныддаудта æмæ йæ афæлдæхта, хъуамæ сарæхса, йæ ныхмæ ма цы цыппар немыцаджы бырста, уыдонимæ дæр, фæлæ уæдмæ иу дынджыр æмæ стæвдтæарæзт гвардион æд бел рагæпп кодта размæ. Ныххафт ласта фыццаджы, дыккаджы, ныддаудта æртыккаджы, цыппæрæмы дæр, æмæ дæ фыдгул афтæ, фæлæ æрхаудта йæхæдæг дæр, йæ къухтæ фæйнæрдæм æппæрстæй баззадысты... Кæмдар хæстæг бырста æмæ хъазуат тох кодта комбат Кальныш дæр, хъуыстис йе ’нуд хъæлæс. Фæцудыдтой уырыс нæ, фæлæ немыц. Фрицтæ рафæстæмæ кодтой, стæй, сæ хæцæнгæрзтæ æппаргæйæ, лидзыныл фесты. Сырхæфсæддонтæ та сæ, кæй куыд - æййæфтай, афтæ автоматты прикладтæ æмæ белтæй къуыдыртæ кодтой...» Афтæ барæмыгъта Бачилойы полкъ æртыккæгæм октябры, гитлеронтæ æнæбасæтгæ кæй хуыдтой, уыцы «Вотаны» фидары. Бачило цы ран барæмыгъта фидар, ууылты цæуын байдыдтой 311
советон æфсæдцонтæ, нæрыдис æмæ цырен уагьта «Вотаны» фидар дæс боны дæргъы... Гвардионтыфæстагбырстрайдыдта23 октябры. Мелитополы бацæуæнты æмæ «Вотаны» фидæрттæ пырхгонд æрцыдысты. Мелитополь сыгъдæггонд æрцыдис гитлеронтæй. * * * Æрцыд зымæг. Гвардионтæ сæхи цæттæ кодтой тынг зын хæстон операцимæ; хъуамæ бахизой уæрæх æмæ тагъдцæугæ Днепры сæрты. 1944 азы æртындæсæм январы, æфсæддон хæйтты афицерты æрæмбырд кодтой штабмæ. Уым штабы хицау бакастис, хæрзиуджытæ лæвæрд кæмæн æрцыд, уыдон номхыгъд. Уыцы приказы уыдис Гусаты Георги дæр, лæвæрд ын æрцыдис стыр хæрзиуæг, æртыккæгæм къæпхæны Суворовы орден. Йе’мбæлттæ йын зæрдиагæй истой йæ къух æмæ йын арфæтæ кодтой. Фæстагмæ инæлар загъта Советон Æфсæдты егъау æнтыстдзинæдты тыххæй, уæлахизы бон дард кæй нал у, уый тыххæй. Стæй уæд лæмбынæгæй бамбарын кодта, ног бырсты гвардионты размæ цы егъау хæс ис, гитлеронтæ Днепры ныгуылæн фарсы стыр фидæрттæ кæй скодтой, зымæгон уавæрты уæрæх доныл зын бахизæн кæй уыдзæн, иузæрдион æмæ æвиппайды архайын кæй хъæудзæн, уыдæтты тыххæй. Æппæт афицертæ, сержанттæ æмæ салдæттæ дæр хорз æмбæрстой Днепры сæрты бахизын афтæ æнцон хæс кæй нæу, уый, фæлæ уæддæр цæттæ уыдысты, цæмæй фыдызнæгтæ тагъддæр пырхгонд æрцæуой, уымæ. Ныббырст райдайдзæн 22 январы - æхсæв дыууæ сахатыл. Доны сæрты бахизыны тыххæй цыдæриддæр хъуыдис, уыдон ласт æрцыдысты рагацау Днепры былмæ. Доны сæрты хъуамæ разæй бахизой Гусаты Георгийы батальоны æфсæдцонтæ æмæ, цыфæнды зын куы уа, уæддæр Днепры ныгуылæн былыл æрцахсой «чысыл зæхх» æмæ дзы арæзт æрцæуа плацдарм. Георги фæдзырдта æртыккæгæм ротæйы командир Бабинмæ æмæ йын бамбарын кодта: 312
- Фидар лæуу. Ныгуылæн фарсы доныбылыл æрцахсын хъæуы зæххы гæбаз; æппæт æфсады æнтыстдзинад дæр баст уыдзæн мах архайдимæ. Æз уыдзынæн дыккæгæм ротæимæ, ды та мæ галиуырдыгæй. Исты, уæд ды мæ фыццаг хæдивæг... Гвардионтæн сæ уæлæ урс халæттæ, цæуынц æнæ сыбырттæй, мит дæр хъыррыст нæ кæны сæ къæхты бын. Мæнæ доны был. Цъæх ракетæ арвыл зыр-зыргæнгæ фæзынд; уый уыдис бырсты райдайыны нысан. Æфсæддонтæ веслæтыл фидар æрхæцыдысты. Лодкæтæ, сæхи доны цæмыл хафгæйæ, фезмæлдысты сæ бынæттæй... Пулемёттæ, автоматтæ æмæ гранатæтæ дардтой цæттæйæ. Рахиз фланг бахæццæ доны былмæ. Уыдысты 70 салдаты бæрц, уайтагъд сæхицæн акъахтой акъоппытæ æмæ сæхи сцæттæ кодтой карз лæбурттытæм. Ленк кæнынц иннæтæ дæр. Уыцы рæстæджы æвиппайды знаджы ракетæтæ ссыгъдысты сæ сæрмæ. Кæм ныррухс ис, у ырдæм ныккалдтой гитлеронтæ миномёттæй. Иуæй-иу лодкæтæ фæцудыдтой, стæй дæлдон кæнын байдыдтой. Салдæттæ, сæ хæцæнгæрзтæ сæ бæрзæйтыл ацауындзгæйæ, ленк кæнынц сæ нысанмæ, фехъуыстис цæфты уæззау хъæрзын дæр... Уæдмæ советон артиллерийы снарядтæ æрызгъæлдысты, немыц æхсын кæцæй райдыдтой, уым. Рæстæгмæ фæхуыдуг сты гитлеронтæ. Гусы-фырты æфсæддонтæ бахæццæ сты Днепры ныгуылæн былмæ æмæ æрцахстой зæххы гæбаз. Ныр Георги ракетæйæ бамбарын кодта, доныбылыл кæй сты, уый. Бацайдагъ хæст. Дыууæрдыгæй дæр ниудтой снарядтæ æмæ минæтæ. Немыц, советон æфсæддонтæ кæцыран баленк кодтой, уый бæлвырдæй нæ зыдтой, уымæ гæсгæ æнæнысан æхст кодтой. Уæдмæ фæзындысты нæ хæдтæхджытæ дæр æмæ, рагацау бæрæггонд нысантæм гæсгæ, гитлеронтыл æппарын байдыдтой фугастæ. Гусы-фырт йе’фсæддонтимæ гитлеронтыл æппæрста гранатæтæ, арфæй-арфдæргæнгæ цыдис знаджы фидæртты, æппæрста сæ фæстæмæ. Лейтенант Бабинæн фæцæф ис йæ рахиз къух. Гусы-фырт ын æй бабаста æмæ йын радта приказ, цæмæй мауал бырстаид дарддæр. Боны иуæндæс сахатмæ плаццарм уæрхырдæм уыдис дыууæ километрмæ æввахс, æрфмæ та - 313
500 метры бæрц. Æфсæддон архæйдтытæм йæ цæст дардта дивизийы командир инæлар Кулагин. Уый разы уыдис Гусы- фырты батальоны хъæбатырдзинадæй. - Гъе, уый комбат у, гъе!.. Æцæг хæххон цæргæс! - хъуыды кодта уый. Фæлæ полчъы командир инæларæн куы фехъусын кодта Гусаты Яковы фырт Георги, стыр хъæбатырдзинад равдисгæйæ, кæй фæмард, уый, уæд йæ бынатæй фестад, йе ’рфгуытæ æрбалхынцъ сты, иучысыл сагъдауæй аззад, стæй загъта, цæмæй йын йæ мард рахæссой хæцæнæй æмæ йæ кадимæ баныгæной Днепры хурыскæсæн фарсы... Бырст цыдис дарддæр. Гусаты Георгийы мард гвардионтæ цытимæ баныгæдтой Запорожийы облæсты, Стыр-Белозерскы районы, Ново-Петровкæйы хъæуы æмæ йын йæ цыртыл хуымæтæджы ныхæстæй ныффыстой: «Ацы ран ныгæд æрцыдис гвардийы капитан Гусаты Яковы фырт Георги - хъæбатыр ирон лæппу». —<©$©>— 314
Роман Фатуев ФЫЦЦАГ РОЛЬ Уый размæ æхсæв уыди тыхджын къæвда. Гиго санаторийæ рацыд, куыд фæнд кодта, уымæй æртæ сахаты раздæр. Фæлæ йын уый дæр ницыуал феххуыс. Терк тынг раивылд æмæ хид аласта. Хидæн ма йæ иу хай могорæй донмæ æрзæбул æмæ йæ тыхджын уылæнтæ, æрра бирæгътау, æвдæрзтой. Гиго иудзæвгар фæлæууыд доны был æмæ сагъæсгæнгæйæ хъуыста Терчы нæрынмæ. - Дардыл фæцу æмæ дæ хæдзар ссарай, - айхъуыста Гиго æваст фæрсырдыгæй йæ шофыры хъæлæс. - Уымæй хуыздæр иицы ис ныртæккæ... - Æмæ уæд горæтмæ кæд схæццæ уыдзыстæм? - Дæс сахатмæ уым уыдзыстæм, - фæцырди уæд уый. - Раздæр нæ... Шофыры фæстаг ныхæстæй зæрдæдзæфау фæци Гиго. йæхи уæззау æруагъта, иуварсырдыгæй цы асгомау уираг дур уыди, ууыл: «Бабын кодтон бæстæ - спектакль мæн аххосæй ныссуйтæ уыдзæн...» Людовик Х1У-мы къæлæтджыны бадти театры директор æмæ цыдæр æнахуыр тыхст хъæлæсæй дзырдта: - Оу мæнæ бæллæхы хъуыддаг... Уæдæ ныр цы æрхъуыды чындæуа?.. Йæ алыварс æнæ исты дзургæйæ, æнкъардхуызæй лæууыдысты актертæ æмæ уыдон дæр сагъæс кодтой. Цыдæриддæр амал уыди, - фæсте дзы ницыуал ныууагътой: адзырдтой Цъæймæ, бæлццоны размæ арвыстой машинæ, æрæмбырд кодтой актерты дæр æмæ ныр æнхъæлмæ кастысты, фæлæ Гиго зынæг нæй. Иу сахат ма рацыдаид. Директорæн йæ бон нал уыд æмæ æппынæрæджиау, йæ къух ауигъгæйæ, загъта: 315
-Аивутафишæ! Фæлæ иннæ спектаклæн дæр æвдисæн нæ уыд - артисттæй чидæртæ нæ фæзынд. - Гъер лæг мæстæй куыннæ нытътъæпп ласа! - фæхъæр кодта директор æмæ мæстæлгъæдæй йæ цæстытæ ахаста, йæ цуры чи лæууыди, уыцы актертыл. - Кæй бауырныдтаид, æмæ Гиго байрæджы кæндзæн! Цæй цыфæнды уæд. Афишæ аивут! - Уæд та-ма чысыл анхъæлмæ кæсиккам?.. - райхъуыст фæсдуарæй кæйдæр нæуæндаг хъæлæс. Директор йæ бынатæй фестад æмæ цæстæй ацагуырдта, йæ ныхасыл ын дыууæ чи загъта, уыцы адæймаджы. - Æмæ у æд Бартол ены ролы та чи ахъаздзæн? - мæстыху ызæй бадзырдта рухсдармæ. - Ды æви - чи? Рухсдар фæкъæмдзæстыг æмæ уайтагъд цыдæр æрбаци. Актертæ куыддæр фесты æмæ директормæ уайдзæфгæнæджы каст бакодтой. Уыдонæн хъыг уыдысты йе ’нæууылд ныхæстæ. Актертæй чидæртæ æнæзонгæ нæ уыди, рухсгæнæг сценæ кæй уарзы æмæ артист суæвынмæ кæй бæллы. Æмæ сæ кæд алчидæр хорз зыдта, актер суæвыны тыххæй бирæ ахуыр кæнын хъæуы, уый, уæддæр рухсгæнæг лæппуйыл афтæ хъæртæ кæнын не ’мбæлди. Цыфæнды фæрсаг куыст кæнæд адæймаг, театрмæ цыфæнды æнæнхъæлæджы æрбахауæд, аивадмæ æппындæр мацы бар дарæд, уæддæр адæймаг у... Дæ масты фæдыл цæмæн цæуыс... Ай та театр бирæ уарзы. Æртæ азы размæ уырыссаг драмон театрмæ æрбацыд уый, йæ салдаттаг цæфхадцжын цырыхъхъытæй къупп-къупгæнгæ, уæззау санчъехтæй бараст комкоммæ директоры кæбинетмæ. — Куыст уæм, зæгъын, кæд ис...— Йæ хурсыгъд къепкæ йæ къухты æууæрдгæйæ, загъта уæзбын хъæлæсæй. — Махмæ куыст нæй, — загъта йын директор. Фæлæ адæймаг æнцонтæй кæмæй фервæза, лæппу ахæм нæ разынд: раст цыма уым кусын райдыдта, афтæ-иу алы бон дæр æрбацыд, директоры кæбинеты раз-иу слæууыд æмæ-иу йæ бынатæй цалдæргай сахæттæ змæлгæ дæр нæ фæкодта. — Гъомæ дæ æнæмæнг махмæ цæмæн фæнды? Æндæр бынат никуыуал ис, æви? - йæхи нал баурæдта директор æмæ мæстыхуызæй скаст хивæнд лæппумæ. 316
- Мæн театры фæнды кусын, æндæр никуы. - Æмæ раздæр та кæм куыстай? - Ардыгæй дард у... Сахалины. - А, уый зæгъ уæдæ!.. - Директор æм цыдæр æнæууæнккаг каст бакодта. Лæппуйыл уыди рæтыд бæмбæджджын, йе стыр сæр гæмæх кæнын райдыдта. - Уый æцæгдæр дæрдцзæфгомау у!.. - Æмæ лæг йе ’нгуылдзтæй стъол æрхоста, йæхинымæры хъуыды кодта, уæдæ йæ цы ’фсонæй фæдуарæдде чындæуа, зæгьгæ. Фæлæ йæм иннæрдыгæй та дзæбæх лæппу фæкаст, цыдæр дзы йæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ æнæнхъæлæджы сразы. - Цæй, хорз. Цæмæ арæхсыс? Электрон хъуыддæгтæн исты ’мбарыс? - Æмбарын. - Сценæ рухсгæнæгæй уал дæ сæвæрæм, и? Разы дæ? - Дæн, - сразы лæппу уайтагъд. Уыцы æхсæв режиссеры æххуысгæнæг лæппуйæн бакаст æнæхъæн лекци: «Сценæ æмæ рухс». Æмæ йæхинымæры дис кодта, ног кусæг куыд зæрдæргъæвд у, аивад куыд æнахуыр хорз æнкъары, ууыл. Фыццаг спектаклы фæстæ актертæ иууылдæр разыйæ баззадысты лæппуйæ. Уый тынг хорз сарæхст йæ зын хæстæ æххæст кæнынмæ. Ног кусæт, сценæйы цытæ цыди, уыдон афтæ хорз æмбæрста æмæ ахсджиагдæр нывтæй, хъæугæдæр фæзылдтытæй иу дæр никуы ныууагъта аууоны. Мæнæ артист ролы бацæугæйæ стыр маст кæны æнæдзургæйæ. Ног кусæг рухс фæцаразы йæ тæккæ афоныл, артисты цæстыты ’рттывд, йæ цæсгомы алы нуар дæр разынынц адæммæ, æмæ сæ зæрдæмæ айсынц йæ зæрдæйы маст. Æнкъард нывæн ссары тардæрбын рухс, хъæлдзæг нывæн — ирддæр. Артисттæ сæ хъус дарын райдыдтой уыцы бæрзонд, æфсæрмыгæнаг лæппумæ. Сæ зæрдæмæ бонæй-бонмæ тынгдæр цыди, йæхи куыд сабыр дардта, йæ куыст куыд æнувыдæй кодта, уый. Алкæмæн дæр æй фæндыд хорздзинад ракæнын... Фæлæ ацы лæппу, ног рухсдар, æвиппайды исты ролы ахъаза, уый æнхъæл никуы уыдысты. 317
Æцæг Валодя йæхæдæг афтæ нæ хъуыды кодта. Уый рацыд æмæ æргомæй загъта: - Æмæ цы, бæгуыдæр ахъаздзынæн Бартолены роль! Æнцон нæу ахæм стыр ныхас сфæразын, ноджы зындæр та у адæймагæн йе ’нхъæлцау тыхст хъуыдытæ уромын. Фæлæ ныр ныхас сфæрæзта æмæ æнхъæлмæ каст хицауы уынаффæмæ. -Ды?!.. Директор сындæггай æрбадт къæлæтджыны æмæ лæппумæ иудзæвгар фæкаст цыдæр æнахуыр дисгæнаг цæстытæй. Валодя æнцад лæууыд йæ уæрæхтæ хуыд кусæн дарæсы, йæ къухтæ сæрфта зетийæдзаг сау пыскъуылтæй æмæ, адæмæй йæ цæстытæ æмбæхсгæйæ, хъуыдытæ кодта, цы йын зæгъдзысты, ууыл. Директор ракæс-бакæс кæны, йæ алыварс чи æртыгуыр, уыцы актертæм, йæхинымæры æнхъæлмæ кæсы, уæдæ ныртæккæ исчи исты сдзурдзæн, зæгъгæ. Фæлæ иууылдæр ныхъхъус сты, цыма сын се ’взæгтæ рачындæуыд, раст афтæ. Æвиппайды, дын, дзуаппы бæсты, адвокат Патлены роль чи хъазыд, уыцы актер йæ ролæй цыдæр сныхас кодта. Валодя, цыма растуымæ æнхъæлмæ каст, афтæ йын цæстыфæныкъуылдмæ дзуапп авæрдта. Актертæ æнцонæй сулæфыдысты, сæ цæсгæмттæ фæрухс сты, мидбылты бахудтысты. Уæдæй нырмæ цы тыхст уавæры уыдысты, уый цыдæр æрбаци. Алкæй зæрдæмæ дæр фæцыд ацы драмон фæлварæн. - Репетици сценæмæ рахæссæм! - фæхъæр кодта цыдæр ныфсджынæй режиссер. Директор йæ фæнд зæгъгæ дæр нæма кодта, афтæ иууылдæр атындзыдтой дуарырдæм. Артисттæй алчидæр йæхинымæры хъуыды кодта, уæдæ лæппу æрмæст ныхæстæ йæ зæрдыл дарæд æмæ кæм куыд фæаилын хъæуы, уыдон исты амæлттæй зонæд, уый йеддæмæ спектакль нæ фехæлдзæн. Фæлæ мæнæ обрæз æххæстæй равдиса, дзæбæх æй сныв кæна, уый йæ фæсонырхæджы дæр никæмæн уыди. Æнæуи та ма йын тагъд-тагъдæй цанæбæрæг баххуыс кодтаиккой. Артисттæ цинæй мардысты, спектакль кæй нæ фехæлд, æндæр хатмæ йæ æргъæвын кæй нæ бахъуыд æмæ адæмæй æнæзæрдæхудтæй кæй баззадысты, ууыл. 318
Æмбæрзæн сисынмæ бирæ нал уыди. Валодя йæ дарæс куы кодта, йæхи куы ахуырста, уæдмæ залы иу уæгъд бынат дæр нал баззад. Тæккæ къуырццæвæны ма рауад иу æнæнхъæлæджы хъуыддаг: Валодяйы стыр сæрыл иу парик дæр нæ цыди. Дæс худæй йыл фылдæр абарстой, фæлæ дзы иу дæр не сбæззыд. Уæд Валодя рамæсты, йæ къух ауыгъта: - Цæй, науæд лопъо сæрæй куы рацæуа Бартолен, уæд ын цыу?! Уыцы ныхæстыл ныххудтысты, фæлæ дыууæ ничиуал загъта. Хилдасæг Валодяйы сæр булкъдаст куы ныккодта, уæд æрбайхъуысти фыццаг дзæнгæрæг. * * * Гиго горæтмæ æрбафтыд фæсахсæвæрты. Театры раз змæлæг бирæ нал уыди, цырæгътæй ма æрмæст дыууæ сыгъди. Бацæуæны сæрмæ бакаст ставд фыст: «Адвокат Патлен». - «Адвокат Патлен»! - ныддис кодта лæг йæхинымæры æмæ йæ нæ бауырныдта. Кæд мæ мæ цæстытæ сайынц, зæгъгæ, сæ къухæй сæрфæгау акодта æмæ та ногæй скаст фыстмæ. Нæ, нæ фæрæдыд. Гиго джихæй аззад. «Ау, æмæ Бартолены та чи хъазы? - афарста йæхи, йæ зæрдæйы цыдæр маст куыд æвзæры уыцы æнæзонгæ актермæ, уый æмбаргæйæ. - Йæхи йеддæмæ æндæр куы никæуыл æууæндыдысты уыцы зын роль! Æмæ йæ æниу æндæр чи ахъаздзæн махмæ?! - Гиго йæхинымæры былысчъилæй нымадта актерты. Нæ, ничи, - æмæ уый тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдæуыд театры. Фæлæ-ма кæс, Хуыцауы тыххæй...» Гиго машинæйæ рахызт, дуар багуыпп кодта æмæ мидæмæ атындзыдта. Дуаргæс сылгоймæгтæ йæ уайтагъд нæ базыдтой. - С-сс, сабыр! - фездæхтысты йæм алырдыгæй. Куы йæ базыдтой, уæд та, Гигомæ куыд фæкаст, афтæмæй сæхимидæг цыдæр æнахуыр худт бакодтой. Гиго йæ къахфындзтыл бараст мидæмæ æмæ æрдæгталынг партеры фæстаг рæнхъы уæгъд бынат ссардта. Бандоны хъинцмæ йæм чидæртæ уайдзæфгæнæджы каст ракодтой се уæхсчыты 319
сæрты, фæлæ сæ Гиго хъуыды дæр не ’ркодта. Уымæн йæ каст æгасæй дæр уыди Бартоленмæ. Йæ къæхтæ йæ фæдыл ласта, афтæмæй сценæйы зилæнтæ кодта иу цыдæр уæдæгонд нæлгоймап Йæ цæстыты хин ферттив-ферттивмæ-иу адæймаджы буар ныддыз-дыз кодта. Бакæсгæйæ зынди, мæнæ къухæй дæсны Коненков йе ’взонджы бонты бæласы у идæгтæй цы хъуынджын хъæддаг лæгтæ арæзта, уыдоны хуызæн. Уыцы дыкъахыг, æдылыдзæф, гуымиры цæрæгой сценæйы къуымты зылди æмæ цыдæр æрра хъæртæ кодта. Гиго ныртæккæ сценæйы цы Бартолены уыдта, уый йæхи Бартолены хуызæн мур дæр ницæмæй уыди. Йæ цыдтытæ, йæ къухты айст, фезмæлд, йе сныхас, йæ бахудт, йе схуыфт, - иууылдæр уыдысты, артист кæй хъазыди, уымæн йæхи кондмæ, йæхи зондахастмæ гæсгæ. Гиго йæ размæ уыдта диссаджы дæсны арæзт обрæз - æдылыдзæф, гуырымыхъ, зыд æмæ кæрæф, хиуарзон æмæ фыдлæджы. Уыцы зын роль афтæ дæсны ахъазын, обрæз афтæ зæрдæмæдзæугæ, афтæ æнахуыр дзæбæх сфæлындын йæ бон уыди, æнæмæнг, æрмæстдæр стыр курдиатджын актерæн. Гиго йæ цæст Бартоленæй нæ иста, хъахъхъæдта йын йæ алы фæзылд, йæ алы схъырнд дæр. Æнæзонгæ артист обрæз хуыздæр сныв кæныны тыххæй цыдæридцæр ног ахорæн, ног фезмæлд, хъæлæсы ахасты ног фæзилæн ардта, уыдонæй дзы иу дæр нæ ирвæзт. У ыцы хицæн дзæбæх аивадон амалтæ афтæ бирæ кодтой, æмæ Гиго куыдфæстæмæ хæлæг кæнын байдыдта артистмæ. Хатгай-иу æм афтæ фæкаст, цыма иу кæнæ иннæ ныхас куыд хъуыди, ахæм хъæлæсы уагæй не скодта, иу кæнæ иннæ ран афтæ нæ фæзылд, хъазт æгæр фæцæхджын кодта. Стæй та-иу йæхицæн басаст, фырхæлæгæй йæм афтæ кæй фæкаст, ууыл. Артист сценæйы йæхи дардта тынг дзæбæх, раст цыма айдæнмæ каст æмæ йæхи æнæхъуаджы уæлдай фæзылдтытæй хызта. Афтæ ныфсджын, хиуыл æууæндгæ хъазт фæкæнынц, сценæйы чи сахуыр вæййы, чи сфæлтæры, уыцы артисттæ. Гиго хъуыста актёрмæ, æмæ йæм йæ хъæлæс цыдæр æнахуыр зонгæ хъæлæс касти. йæхинымæр хъуыды кодта, уæдæ чи уа, 320
кæм фехъуыста уыцы хъæлæс, зæгъгæ, æмæ ницы фæрæзта йе’рхъуыды кæнынæн. Бартолены ролы хъазæгтеатры актёртæй кæй ничи у, уый йын дызæрдыггаг нæ уыди. Фæлæ уæдцæр чи у, цы Хуыцау æй æрбахаста ардæм, стæй кæцæй? Уымæй дæр тæккæ къуырцдзæвæны, тæккæ фæстагдæр сахæтты!.. Æнцондæр ма цы уыдаид - сыст, сценæйы чъылдыммæ ацу æмæ бафæрс. Фæлæ Гиго, йæхицæн фыдæнæнгæнæгау, ныффæрск æмæ загъта: «Бафæрсæн мын никæй ис. Цалынмæ йæ мæхæдæг базонон, уæдмæ нæ ныууадздзынæн!» Актер цымæ царды та цы хуызæн у, ууыл хъуыдытæ кæнгæйæ, Гиго ныр Бартоленмæ кæсын райдыдта æндæр цæстæй. йæхинымæры архайдта, æнæ гримæй йæ цæсгомы æвæрд цавæр хъуамæ уа, уый фенын æмæ бамбарыныл. Йæ цæстытæ-иу ахгæдта æмæ-иу ын хъуыста æрмæст йæ ныхасмæ, афтæмæй йын кæд æрхъуыды кæнин йæ бакаст, йæ конд, йæ цæсгомы æвæрд, зæгъгæ. Фæлæ ницы!.. Йæ сæр нæ ахста, йæ цæстытыл нæ ахъазыд уыцы æнæзонгæ актер. Бартолен æгасæй дæр сæхгæдта, йæ фæстæ бакодта, чи йæ хъазыд, уыцы лæджы, мæнæ иыма авторы æцæг Бартолен кæцæйдæр ирон сценæмæ æртахт æмæ йæхæдæг æрлæууыд залы бадæг адæмы размæ, афтæ... Гигойæн йæ бон нал уыд уыцы хъуыдытæй, сыстад æмæ æддæмæ рараст. Дуаргæс сылгоймæгтæ тæккæ рацæуæны слæууыдысты æмæ, диссагмæ кæсæгау, кастысты сценæмæ. Гиго сæ цуры куы æрлæууыд, уæд æм сæ цæстытæ сзылдтой æмæ йын хъуыр-хъуыргæнгæ æнæбары фæндаг радтой æддæмæ. Уыцы хъуыр-хъуырмæ та лæгæн йæ зæрдæ барысти, æнкъард хъуыдытæй айдзаг йæ сæр. Йæхи нал баурæдта æмæ æрдæгхъæлæсæй, сусу-бусугæнæгау, чъылдымырдыгæй афарста сылгоймæгты: - Бартолены та чи хъазы? Мадæл хъаз йæ лæппынты хъахъхъæнгæйæ куыд ссыф-сыф кæны, афтæ та йыл, сс-с-с, зæгъгæ, сбустæ кодтой устытæ. Æнæуынæр, æнæзынгæйæ иугай-дыгай цыдысты дуары цурмæ куыстæй уæгъд актертæ æмæ кæрæдзи сæрты кастысты сценæмæ. Иууылдæр афтæ сабыр ныйисты, æмæ сæ улæфт дæр 321 21
нал хъуыст. Алчидæр сæ æмбæрста, сæ цæстыты раз кæй гуыры аивадон æцæг уацмыс, кæй уынынц, арæх кæй нæ фендзынæ, ахæм æнахуыр хъуыддап Дисы кæй нæ бафтауы, гæрзарм лæджы къухæй исты зын кæнæн, фæлæ стыр рæсугьд ныв куы рацæуы, уæдуый?! Æмæ ныртæккæ актертæ дæр сæ цæст уымæн æрæвæрдтой Бартоленыл. Диссаг куыннæ уыди, уыцы ролы хъазæг артист ногдзинадæй, йæхи миниуджытæй цас хаста обрæз сныв кæныны хъуыддагмæ, уымæ кæсын! Чи нæ бахæлæг кодтаид аивады куыстгæнджытæй, хъайтарæн йæ миниуджытæ, йæ зæрдæйы коид æмæ уаг æххæстдæрæй равдисыны тыххæй уыцы æнæзонгæ актер алы хæрзчысыл гæнæнæй дæр куыд дæсны пайда кодта, уымæ! Залы сыбыртт дæр нæ хъуысти. Адæм æдзæмæй бадтысты, цыма сын уыцы актер кæлæнтæ скодта, уый хуызæн. Рагæй нал цыди ацы спектакль афтæ æнтыстджынæй, рагæй никуыуал никæй бон баци актертæй адæмы йæхимæ афтæ æркæсын кæнын. Гигойæн йæ сæрæй нæ цух кодта уыцы иу хъуыды: чи хъазы уæдæ уæддæр Бартолены роль? Куынæ æмæ куынæ уыди йæ бон æнæзонгæ актеры æрхъуыды кæнын, уæд сфæнд кодта фæссценæмæ бацæуын æмæ уым искæй бафæрсын. Фойейы цалдæр санчъехы куыд акодта, афтæ фæрсырдыгæй дуар фегом æмæ дзы рахызт йæ зонгæ актер уырыссаг драмон театрæй. Гигойы куы ауыдта, уæд йæ цæстытæ ферттывтой, æрбауади йæм: - Федтай Валодяйы? - Цавæр Валодяйы? - нæ йæ фембæрста Гиго. - Куыд цавæр? Нæхи Балойы. Рухсдары! - Ницы дын æмбарын, мæ мард фен... Кæй кой кæныс? - Гиго йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта хъуыдытæгæнгæ. - Мæнæ диссаг... Сценæрухсгæнæг Валодяйы нæ зоныс? - Уый та куыд?! - фæхъæр ласта Гиго... т- Гъе афтæ, мæ хуРы чысыл! - афæзмæгау æй кодта актер æмæ залмæ атындзыдта. 322
Йæхимидæг хъуыдытæгæнгæйæ, Гиго сындæггай араст, рахизырдыгæй цы æнхъæлмæкæсæн дæргъæццон уат уыди, уырдæм. Уат уыди афтид æмæ æрдæгталынг. Кæсæн залмæ бацæуæн дуæрттæ - æнгом æхгæд. Стыр рудзгуытæй рæхснæг бæлæсты къалиутæ æмæ æмбæрзæнты æхсæнты уынгæй мидæмæ калд электрон цырæгъты дыдзырухс. Гиго цалдæр зылды æркодта фойейы къуымты, йæ зæрдæйыл тыхстысты цавæрдæр æнкъард, æнтъыснæг хъуыдытæ. Афтæ йæм каст, цыма йæ исчи æфхæргæ бакодта. Зæрдæ-иу куыдцæр йæхимидæг срысти... Кæцæй йæм æрцыд уыцы хъуыды, цæмæн хæлæг кæны ног адæймагмæ? Ау, ахæм æдзæстуарзон у? Ахæмæй йæхи куы никуы зыдта?.. Гиго йæхимæ хæцыд, йæхи æлгъитæгау кодта, фæлæ уæдцæр зæрдæйы мидæг кæмдæр арф ран тæлфыд ницæйаг хъуыды: лæг æмбæрста, хъыг ын кæй у цыфæндыйæ дæр ацы æрыгон лæппуйы æнтыстдзинад. Тынгдæр та йæм уымæн мæсты кодта, æмæ лæппуйы ном ныронг никуыцæй хъуысти. Сценæйы рухсдар æмæ рухсдар!.. Ныр-ма йæм бакæс, дæ хорзæхæй!.. Æниу, йæхи куыд урæдта ныронг, куыд хиуылхæцгæ разынд?!. Залæй райхъуыст къухæмдзæгъд. Гиго дызæрдыг нæ кодта, уый адæм Валодяйы дæсны хъазтыл кæй цин кæнынц, ууыл. Арæхсгай йæхи байста дуары цурмæ æмæ зыхъхъырæй мидæмæ бакаст. Ай-гъай, уымæн, Бартолены роль хъазæгæн, æмдзæгъд кæнынц иууылдæр. Цыма тæрсгæ фæкодта, исчи йæ куы фена, уымæй. уыйау иуварс рагæпп ласта дуары цурæй Гиго æмæ та фойейы къуымты зилын райдыдта сындæг къахдзæфтæй. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, хатгай-иу ын Валодяимæ цы цыбыр ныхæстæ рауад, уыдон. Фылдæр хатт-иу дзырдтой цæугæ-цæуын, тагъд-тагъдæй. Лæппу-иу æнæнхъæлæджы исты æнахуыр ныхас скодтаид, мæнæ афтæ хуыздæр нæ уаид, йе мæнæ афтæ, зæгъгæ. Истæмæй-иу афарстаид, уымæй дæр хъавгæ, цыдæр нæуæндаг хуызæй. Гиго æвиппайды йæхицæй ныфсæрмы, фæсмон æм æрцыди, лæппуйы хъуыды дæр кæй нæ кодта, уæле дæлæмæ йæм кæй каст, уый тыххæй. Валодя 323
æнæхъуаджы ныхасгæнаг никуы уыди, æнæ ахъуыды кæнгæйæ иу дзырд дæр никуы сæппæрстаид. Аивады тыххæй-иу исчи куы дзырдта хуызæнæн, уæд æм хъусынæй не ’фсæст. йæхæдæг дæр- иу æхсызгонæй бацыд ныхасы æмæ-иу уæд бæрæг уыд, аивад тынг кæй зоны. Хъуыды-ма кæны Гиго, иу хатт ын иу архайдæй иннæ архайды æхсæн уæгъд рæстæджы Валодя хъавгæ куыд загъта, уый: - Ацы нывы дæ Бартолен уый размæйы нывæй сæрæндæр уыди... - Цы? — йæ цæсты зултæй йæм йе уæхсчы сæрты ракаст уый. Валодя фæкуыддæр, фыццаг йæ дзырд йæ хъуыры фæбадт, фæлæ стæй фæрæвдз æмæ йæ ныхас фæци: - Æз зæгъын... Цыма ацы нывы Бартолен гугындæрхуыз хъуамæуаид... Стæй... Гиго йæ нал бауагъта дзурын: -Уæлæ дæм уæле сидынц... Цырæгътæ, дам, раивын хъæуы... Валодя къæмдзæстыгæй лæугæйæ куыд баззад, уый ма йæ цæстыты тигътæй ахъахъхъæдта Гиго æмæ актертæй кæйдæр цурмæ бацыд, хъазæн ныхасгæнгæйæ... Уæдæй фæстæмæ Валодя йе ’мгæрон никуыуал æрцыд. Гигойæн уый æхсызгон уыд. Иæхинымæры хъуыды кодта: «Гъе афтæ хуыздæр уыдзæн, гъе, мæ ахсджиаг, уый йедцæмæ, ды иу хаттæй иннæ хатмæ дæхи сæр дæр риссын кодтай, æз дæр дæ нал фæрæзтон... Ахуыргæнæгæй дзы чи нæ фæлæудзæн лæгæн!..» Уый фæстæ дзы лæппу быитондæр ферох. Æмæ мæнæ ныр, табуафси, йæхæдæг ын йæхи æрлæууын кодта йæ зæрдыл. Стæй куыд! Æрцахуыр æй кодта, раст сабийы куыд æрцахуыр кæнынц, афтæ. Иунæг изæрмæ. Афтæ дын хъæуы, мæнæй уый. Дæхицæй лæгдæр никæмæн æнхъæл уыдтæ. Гигойы зæрдыл æрбалæууыд, ацы æрыдойнаг лæппуимæ фыццаг хатт куыд базонгæ, уый. Йæхи хуызæн уый дæр тынг уарзта театр. Фæлымæн сты куыддæр æгъдауæй. Бæрзонддæр ран кæм ис, тæккæ цары бынмæ, уым-иу къуымы бабырыдысты æмæ-иу фырæнтæфæй сæ хид цъыкк ласта, афтæмæй цыппар цæстæй кастысты сценæмæ. 324
Сæ дыууæ дæр бæллыдысты артисттæ суæвынмæ. Гиго ма цалдæр хатты ахъазыд хихъæппæрисадон драмон къордты спектакльты дæр. Уæдæ Валодя дæр афæлвæрдта йæ тыхтæ, æрмæст ын бар кодтой фæрсаг рольтæ. Иу ахæмы Валодя уыди фæскомцæдисы обкомы æмæ йын уым загътой, кæд дæ Сахалинмæ ацæуын фæнды, зæгъгæ. Валодя ахъуыды кодта æмæ сразы. Уый уыди стыр арæзтады райдайæны. Фыццаг фондзазоны рæстæг. Йæ мидбылты йæм нæ бахудтуыцытызмæг, æвадатæмæ хъызт бæстæ дыууæ æмæ ссæдзаздзыд хъармахуыр лæппу-лæгмæ. Бирæ зынтæ æмæ тухæнтæ бавзæрста уым. Фыццаг фæрынчын тæфсæгæй, стæй фæсад тифæй. Фидар зæрдæ, æрыгон буар нæ фæцудыдтой, бафæрæзтой уыцы уæззау фæлварæнтæн. Ирон фæсивæды къорд Мæскуыйы театралон аивадыл куы ахуыр кодтой, уæд Валодя та Сахалины шахтæтæ арæзта. Нæ йæ æвдæлд ардæм æмæ йæ адæм абон сценæйы фыццаг хатт кæй федтой, уый дæр рауад æнæнхъæлæджы. Уым аххосджын у æппæтæй раздæр уый - Гиго! Фæстаг акты кæронмæ ма чысыл хъуыд, афтæ Гиго февзæрд кæсæн залмæ бахизæн дуары цур. Хъуыддаг куыд рауад, уый йæхæдæг дæр дзæбæх нал хъуыды кæны. йæ зæрдыл ма дзы лæууы æрмæстдæр уый, æмæ театры уæвджытæ дæр, стæй актертæ дæр уыцы æмхуызонæй нымдзæгъд кодтой æнæзонгæ актерæн. Адæмæн сæ цæсгæмттæ цины хъазыдысты, цæстытæ æрттывтой. «Æнæнхъæлæджы амонд! Йæ хъазт фæрæстмæ! Хатгай цы нæ вæййы!..» Афтæ уа? Ахæм хъуыдытæ сæвзæрдзæн æрмæстдæр, чи ницы æмбары, йæхи йедцæмæ чи никæй уарзы, ахæм адæймаджы сæры. Чй, чи, фæлæ Гиго хорз зоны: аивады мидæг æнæнхъæлæджы никуы ницы скæнæн ис, æнæнхъæлæджы дзы никуы никæмæн ннцы рауайдзæн. Фесгуыхын дзы йæ бон у æрмæстдæр уымæн, æмæ курдиат кæмæ ис, фæллой чи уарзы, хъуыддаг æмбаргæйæ чи кæны. Гигойæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, хъуыстгонд Ермоловайыл 65 азы размæ цы хабар æрцыди, уый. Ермолова дæр раст афтæ раивта Эмилия Галаттийы ролы хъазæг Федоровайы, актрисæ 325
æнæнхъæлæджы куы фæрынчын æмæ, театры хицауад фыр тыхстæй цы акодтаид, уый куынæ уал зыдта, уæд. О, уый æмбисондæн баззад - куыд диссаджы арæхетдзинад равдыста Ермолова, куыд сæрттывта, алмасийау, йæ драматикон курдиат! Æмæ, цæмæй зонæм, кæд ныртæккæ дæр ахæм исты цæуы, кæд Гиго йæхæдæг дæр мæнæ ацы тæккæ ран раст ахæм диссаджы хъуыддагæн æвдисæн уыдзæн, уæд та?! Æцæг актеры райгуырд хатгай афтæ æнæнхъæлæджы вæййы æмæ баззайы æмбисондæн! Гиго æвиппайды фæзæрдæхæлд, йæ риуы анхъæвзтой цыдæр æхсызгондзинады уылæнтæ. Йæхи ма тыххæйты урæдта, цыдæр цæстуарзон стыр тых æй размæ схуыста Валодяйæн æппæты разæй зæрдæбынæй раарфæ кæнынмæ... Уыцы тых æй йæ уæлныхты систа æмæ, тыхджын къухæмдзæгъдæй хъусгæ дæр ницыуал кодта, афтæмæй йæхи чысыл дуарыл ныццавта. Фæссценæйы цæндтæ-цæндтæ æвæрд декорациты æхсæнты бауад æмæ атындзыдта рухсмæ. Уынгæг тыргъы адæмæй азмæлæнтæ нæ уыд. Актертæ къуыммæ батардтой Валодяйы æмæ, ныхас кæрæдзийы дзыхæй истой, афтæмæй йæ арфæты бын фæкодтой. Лæппума, мæгуыр, цыдæр æнæбон худт кодта фæлладæй. йæ саулагъз цæсгом сырх- сырхид афæлдæхт æфсæрмæй. Фыр æнтæфæй йæ грим атад ранæй-рæтты, фæтæн ных самæстытæ æмæ рустыл дæлæмæ. йæ бур-бурид хæдонмæ тагъдысты хиды æртæхтæ. Фæлæ йæ аху ырст цæстыты цин æрттывдæй бæрæг уыди, стыр амондджын кæй у, уый. Æмæ куыннæ, афтæ бирæ цы бонмæ æнхъæлмæ каст, уый йыл æрцыд! Актертæ йæм кастысты æргом æмæ цинæйдзаг цæсгæмттæй, иу хъуыддаджы лæуд адæм сæ фесгуыхгæ æмбалмæ куыд фæкæсынц, афтæ æмæ дзырдтой, кæмæн йæ зæрды цы гуырд, уыдон. О, æнæмæнг, уый уыди сгуыхтдзинад, ног стыр курдиаты æнæнхъæлæджы райгуырд, фæлæ уыйас та - цинагдæр æмæ æхсызгондæр хабар! Валодя æвиппайды ауыдта Гигойы æмæ йæм фездæхт. Уыцы æнæнхъæлæджы фæзылдæй йæхиуыл комдзог рацыд: иууылдæр 326
бамбæрстой, сæйрагдæр ныхасы бар кæй дæтты Гигойæн. Цы зæгьдзæн уæдæ? Цы хъуыды йæм ис? Куыд æм фæкаст Валодяйы хъазт Бартолены ролы? Ныронг Гигойæ хуыздæр æмæ дæсныдæр куы никæй нымадтой уыцы ролы! Актертæ фæйнæрдæм алæууыдысты æмæ сын фæндаг суæгьд кодтой кæрæдзимæ. Иууылдæр ныхъхъус сты, æнхъæлмæ кастыеты, дыууæ «Бартолены» цы кæндзысты, уымæ. Гиго æнæдзургæйæ бацыд æмæ йæ хъæбысы ныккодта Валодяйы. йæхимæ йæ тынг нылхъывта æмæ йын сындæггай йæ хъусы бадзырдта æрхæндæг хъæлæсæй: -Ныббармын!.. Валодя йæхи рауæгъд кодта йе ’мбалы хъæбысæй, дисгæнгæ йæм бакаст: - Цæй тыххæй, Гиго? Валодяйæн дзуапп раттыны бæсты уый цæхгæр фæзылд актертæм: - Афтæ йæ банымайæм уæдæ æфсымæртæ... - загъта Гиго ныллæг, фæсус хъæлæсæй, - æмæ абон не ’хсæнмæ æрбацыд ног актер - Тæбæхсæуты Бало. Валодя, йæхæдæг дæр æй нæ базыдта, афтæмæй сын ныллæг акуывта. Фæрсырдыгæй бакæсгæйæ, уый зынди, йæ амонд йæ риуы кæмæн нал фæцæуы, ахæм стыр сывæллоны хуызæн. Афтæ райдыдта советон зындгонд трагик, Отелло æмæ къарол Лиры рольтæ диссаджы дæсны хъазæг, Ирыстоны адæмтæ буц æмæ сæрыстыр кæмæй сты, уый - Советон Цæдисы адæмон артист Тæбæхсæуты Валодяйы стыр фæндаг аивады. -<©$©>— 327
Черчесты Георги ФÆЛЛОЙЫ ХЪÆБУЛ - Сидахъты Анатоли! - фæдзырдта æмбырды сæрдар. Йæ бынатæй æфсæрмыгæнгæ сыстади бæрзондгомау æрыгон лæппу æмæ æнцад лæууыд. - Цу, цу!.. Дæумæ кæсы сæрдар, - басхуыста йæ йæ сыхаг. Лæппу зына-нæзына йæ мидбылты бахудт æмæ сындæггай арасти президиумы стъолы цурмæ. - Мæнæ дын ацы адæмы æхсæн зæрдиаг арфæ кæнын,- загъта сæрдар.- Ныр ды дæ коммунистон фæллойы хъазуатон. Айс мæнæ дæ мандат. Кадимæ йæ фæдар! - Сæрдар лæппуйы къух зæрдæбынæй нылхъывта. Анатоли кадджын чиныг йæ къухмæ куы райста, уæд йæ цæсгом фæрухс. Президиумæй йæ бынатмæ куы рацæйцыд, уæд æй фæурæдта раззаг рæнхъы бадцжытæй иу лæппу, йæ къух ын райста, стæй йын ныхъхъæбыс кодта. - Уый йе’фсымæр у? - афарстон æз мæ сыхаг чызджы. - Цæмæн ын хъæбыстæ кæны?.. - Нæ-æ! Уый Дзигойты Гаврил у. Фæскомцæдисы райкомы секретарь. Йæ ирвæзынгæнæг. Тынг хæлд лæппу уыдис Анатоли... Фæсæмбырд æз Гаврилы федтон ныхасмæ, æмæ мын радзырдта раздæры хылычъи, магуса ныр коммуниотон фæллойы хъазуатон куыд сси, фæллойы йæ амонд куыд ссардта, хорз адæмы руаджы раст фæндагыл куыд æрлæууыд, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фæндаг лæгъз æмæ цыбыр нæ уыди. 1950 аз. Сæрд. Сæумæрайсом... Цы диссаджы рæсугъд вæй- йы уый махмæ, Ирыстоны! Цалынмæ хур фæсхохæй йæ был нæма сдары, уæдмæ уæлдай тынгдæр фæхъуысынц хæххон дæт- тæ æмæ æхсæрдзæнты хъæлдзæг уынæр, хъæдты, цæхæрадæтты бæлæсты сусæг ныхас... Фæлæ мæнæ хуры фыццаг сыгъзæрин тынтæ ахъазыдысты митсæр хæхты цъуппытыл, стæй уæд хъæд- 328
тыл, фæзтыл, алы ахорæнтæй сæрттывтой æртæхы фæрдгуыты. Æмæ бæстæ райхъал: зараг цъиуты цъыбар-цъыбур, тракторты, заводты моторты гуыв-гуыв, кусæг адæмы уынæр... Иу ахæм рæсугъд райсом Гаврил къудзиты æхсæнты нарæг къахвæндагыл фæцæйцыди доныбылмæ. Бахæццæ ис цъæх æрдузмæ. Ныр цыппар мæйы цæуы, Советон Æфсадæй, йæ службæ фæуыны фæстæ, йæ райгуырæн Ирыстонмæ куы сыздæхт, уæдæй нырмæ. Алы райсом дæр боныцъæхтыл фесты æмæ фæцагайы доныбылмæ. Гаврил къуыбырæй æргæпп кодта æмæ йæ дзаумæттæ ласынмæ фæци. йæ хъустыл цыдæр уынæр ауад. «Чи уа? Ацы афон ам куы ничи вæййы», - ахъуыды кодта лæппу. Фæкаст иуварс æмæ ауыдта: доны тæккæ был цъæх нæууыл хуыссыди чидæр. Гаврил æй базыдта: уый уыди Сидахъты Толик. Бацыдис æмæ йæ бауыгъта, райхъал у, зæгъгæ. Лæппу йæ цæстытæ байгом кодта. - Ам цы ми кæныс? - Мæнæ фынæй кæнын. Нæ уыныс? - æмæ та фæстæмæ йæ цæстытæ æрцъынд кодта. - Уымæл зæххыл? Æмæ куы фæрынчын уай, уæд та? - Мæнмæ уазалы ныхмæ хос ис... - Толик цырд фестад æмæ къудзийы раз залмысыфты æхсæнæй коньячы авг фелвæста. - Рацу, ахъуыртт дзы кæн иу-сæдæ граммы. Æз дысон-бонмæ ахæм хосæй мæхи фæхъарм кодтон. Дзигойы-фырт æркасти, Толик авг кæцæй систа, уырдæм, æмæ дзы федта сæны, арахъы æмæ коньячы æвгты цæнд. - Æвæццæгæн, иунæг нæ уыдаис, и? Барахъты Иван æмæ Рузанов Иван демæ уыдаиккой, ай-гъай!.. - А-а, куыд кæсын, афтæмæй мын мæ хæлæртты дæр зоныс, - цымыдис каст æм бакодта Анатоли. Æмæ æниу, у ыцы æртæ хæлары - æртæ магусайы чи нæ зыдта Къардоны? Изæрыгон сæ рæзты æдæрсгæ ацæуын ничи уæндыд, - æдзухдæр уыдысты расыг, æдзухдæр кодтой хылкъахæн. Сæ æнæуаг миты тыххæй милицæмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудысты. 329
- Хъус-ма, Анатоли, æхца та уын кæм вæййы, æхца, кусгæ уæ иу дæр куынæ кæны, уæд? - бафарста йæ фæскомцæдисы райкомы секретарь. - Уый дæ хъуыдцаг нæу! - фæмæсты йæм ис Толик. - Кæд, мыййаг, давгæ кæнут? - комкоммæ та бафарста Гаврил. - Куыд кæсын, афтæмæй цыдæр хъæбатыр дæ, лæппу,- йæ цæстытæ фæзынг кодта Сидахъы-фырт. - Ныууадзæм ацы ныхас... Гаврил ахъуыды кодта æмæ ныхъхъус: маст æмæ къахæн ныхасæй пайда нæй. йæ дзаумæттæ раласта æмæ малмæ йæхи баппæрста. Сæумæрайсомы дон йæ ихджын судзинтæй хуынчъытæ кодта буар. Сидахъы-фырт æм дисгæнгæ касти. - Алы райсом дæр ардæм цæуыс?- бафарста уый, Гаврил змисыл йæхи куы æруагъта, уæд. - О. Афтæ сахуыр дæн æмæ мæ бон уымæй райдайын. - Гаврил афæлгæсыд хæхтыл, арф ныуулæфыд æмæ загъта: - Цы диссаджы рæсугъд æрдз нæм ис! Акæс-ма дæ алфамбылаймæ. Цæст æм кæсынæй не ’фсæды... Æфсады ма куы уыдтæн, уæд нæ Ирыстоны æрдз мæ фыны арæх уыдтон. Хæхтæ, хъæдтæ, дæттæ... - Цы сæм ссардтай рæсугъдæй? - нал æм фæлæуу ыд Толик. - Æгомыг къæдзæхтæ. Стæй дын цы пайда ис уыдоны рæсугъдæй? - Алы хъуыддагмæ пайдайы цæстæй кæсын хорз нæу. Куыд хъуамæ ма уа æхсызгон у æлæ у ыцы митсæр хæхты, цъæх хъæдты уынд! Цæй, уæвгæ цы дзурон, рæсугъдцзинад чи не ’мбары, уыимæ! - Уыдон иууылдæр ницы сты! Хуым дзы кæныс рæсугъддзинадæй? - Æмæ ды хуым гутонæй дæр нæ кæныс... Нозты тæф æмæ дын дæ магуса цард дæ зæрдæ сдæрзæг кодтой, дæ цæстытыл та хæрв сбадтис... Толиччы цæстыты та масты зынг ферттывта, æмæ та Дзигойы-фырт йæхиуыл фæхæцыд. Ницуал дзырдтой дыууæйæ дæр. Гаврил хъуыды кодта Сидахъы-фыртыл. Цавæр адæймаг у? Гаврилы зæрдæйы циндзинад цы æвзæрын кæны, уый уымæ 330
хъаргæ дæр нæ казны. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, Анатолийы фыццаг хатт клубы куы федта, уый. Расыгæй иу чызгмæ бацыд. акафæм, зæгъгæ. Йæ цонгыл ын фæхæцыд æмæ йæ хъазты астæумæ фæцæйласта. Чызг архайдта йæхи ратоныныл: - Ныууадз мæ, нæ кафын демæ! Расыг дæ! Хъуыддаг фæци ууыл, æмæ Толиччы клубæй акодтой милицæ. «Нæ, Сидахъы-фырты зæрдæмæ рухс кæй нæ хъары, уый у æрмæстдæр йæ æнæуаг царды аххос. Æниу цæмæй хъуамæ барухс уа йæ зæрдæ, кæд æмæ йæ тæккæ цардуалдзæджы фæиртæсти раст фæндагæй, нæма бамбæрста фæллойы ад...» - хъуыдытæ кодта Гаврил æмæ сфæнд кодта лæппуйы фервæзын кæнын. -Цæй, æз цæуын, куыстмæ мын æрæджы кæны, - йæ сахатмæ æркæсгæйæ, загъта Дзигойы-фырт. - Ды та... ды кусынмæ нæ хъавыс? - Цæй сæрæн? Æз æнæ кусгæйæ дæр куы цæрын... Нарæг къахвæндагыл цæугæйæ, Дзигойы-фырт йæхинымæр йæхимæ загъд кодта. Цæрынц иу станицæйы, афтæмæй, фæскомцæдисы раздзог уæвгæйæ, Анатолийы тыххæй ницы зоны. Цæуылнæ йæм йæ хъус æрдардта ныронг? Лæппу зæфцы фыдæй сæфты фæндагыл куы цæуы... У ыцы бон Гаврил бæлвырддæр хабæрттæ базыдта Анатолийы тыххæй. Лæппуйæн йæ фыд фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фашистон лæбурджыты ныхмæ тохы. Уæд Толикыл цыдис æрмæст æртæ азы, йæ рынчын мад кусы артелы. Сывæллонмæ фаг цæстдарыны амал ын нæ уыд, æмæ куыдфæстæмæ Анатолийыл фæзынд фыдуаг æмæ хæлд адæймæгты тæваг. Уыдон уыдысты Барахъты Иван æмæ Рузанов Иван. Лæппу йе скъола ныууагъта. Хæдзармæ нал цыд. Мады коммæ нал касти. Дарддæр Гаврил базыдта, Сидахътæ хæсты размæ Дзигойтимæ иу хæдзары кæй цардысты, уый. Йæ зæрдыл æрлæууыд чысыл Толиччы фыд. Æмæ та ныр Анатолийыл куы сæмбæлд, уæд ыл бацин кодта хæларау. - Анатоли, æндæрæбон доныбылæй дæ цурæй куы рацыдтæн, уæд мæ зæрдыл цы æрлæууыд, уый зоныс? 331
-Цы? - Ды йæ нæ хъуыды кæндзынæ, фæлæ мах хæдзар сымахимæ иу хæдзары цардыстæм, дæ мады ма-иу бафæрс. Дæумæ уыдис æртæцалхыг велосипед... - Æцæг мæм уыди!- Анатолийы цæсгом фæрухс и. - Хъуыды-ма кæнын: дæ фыд-иу дæ арæх хæрдмæ сæппар- сæппар кодта, суанг цары онг. Ды-иу худæтæй бакъæцæл дæ. Тынг хорз адæймаг уыди дæ фыд - рæстзæрдæ, æгъдауджын, адæмы цæсты кадджын... Анатолийы зæрдæмæ цыдæр æхсызгон хъæрмад бахъардта Гаврилы ныхæстæм хъусгæйæ. Лæппу зæхмæ ныккасти, стæй æнкъардæй сдзырдта: - Ехх, Гаврил, ды мын дзурыс, фæлæ æз нæ хъуыды кæнын мæ фыды... Гаврил бамбæрста. лæппумæ йæ ныхæстæ кæй бахъардтай, уый. Уый фæстæ сæмбæлгæйæ дæр-иу Толик исты æфсæнттæй ракодта йæ сабийы бонты кой. Иу ахæмы та, сæ сабийы бонтæ мысæн ныхæстæ куы фесты, уæд æй Гаврил бафарста: - Мебельгæнæн фабрикæйы кусын дæ нæ фæнды? Анатоли фестъæлфæгау кодта, знæт каст бакодта Гаврилмæ æмæ комкоммæ загъта: - Нагъ! Мæнæн мæ бынат ахæстоны ис. Уый мын адæм иу æмæ дыууæ хатты нæ загътой. Фæлæ Гаврил цы сфæнд кодта, уый æнцонтыл ныууадзинаг нæ у ыди. Хæлар, кæрæдзиуыл æнувыд коллективы бон бауыдзæн Сидахъы-фырты æртасын кæнын. Æмæ фæскомцæдисы райкомы секретарь цух нал уагъта лæппуйы. - Æз бадзурдзынæн семæ, æмæ дæ кусынмæ райсдзысты фа- брикæмæ, - дзырдта йын Гаврил. Фæлæ Анатоли ницы дзырдта. Иухатт æй Дзигойы-фырт федта фабрикæйы дуармæ. Анатоли дæр æй бафиппайдта æмæ уыцы æнæмæтхуызæй фæраст и дарддæр. - Дæ цæсгом нæ хъæцы? - фæдзырдта йæм Гаврил. Дæппу фæсырх ис æмæ ницы сдзырдта. - Диссаг мæм кæсы, Толик, цавæр цæхх дын ныччынди Барахъы-фырты хуызæттимæ? Дæхи уыдонæй атонын куыд нæ 332
фæразыс? Дæ фыды тугæй дæм куыд ницы ис? Уый магусатæй, расыггæнджытæй æмæ хылкъахджытæй йе сæфт куы уыдта, уæд ын ды йæ ном цæмæн чъизи кæныс? Дæ рынчын мад дæр куы сфæлмæцыдис кусынæй, уæд дæуæн афон нæу дæхиуыл æрхудынæн? ...Фабрикæйы директор Церекаты Шамил тагъд кодта йæ куыстмæ. Парчы рæзты куы фæцæйцыд, уæд аллейы бадгæ ауыдта иу лæппуйы. «Уый мын Дзигойы-фырт кæй кой кодта, уыцы лæппу ма уæд? Уæд фабрикæмæ цæуылнæ æрбацæуы?» - йæхинымæр ахъуыды кодта Шамил. Фæзылд æмæ йæм комкоммæ бацыд. Лæппу бандоныл йæхи фæстæрдæм ауагъта æмæ æркув-æркув кодта фæллад, æдзæллагхуызæй. - Сидахъы-фырт нæ дæ? Ам иунæгæй цы бадыс? - Мæ фæллад уадзын. - Акæсут-ма уымæ! Æз кусæджы фыдæй мæ къухтæм æмхасæнтæ агурын, ай та, саджыфисынтыл амад лæппу, æмæ йæ «фæллад уадзы»! Цом-ма мемæ... Афтæ Анатоли кусын райдыдта мебельгæнæн фабрикæйы. Фæлæ хъуыддагæн уый уыдис æрмæст йæ райдайæн. Лæппу йæ кæнонтæ нæ уагъта, арæх хылтæ кодта кусджытимæ. Уæлдай фыдæбойнагдæр та фæци, комкоммæ кæй къухы куыста, уыдонæн. Нæ уисæн кодта нæдæр мастер Тамарæ Кабинæйæн, нæдæр цехы хицау Евгений Иванович Марковæн. йæ куысты хъæд уыдис æвзæр. Йæ алыварс та куыст æхсидгæ кодта. Фабрикæ æдзухдæр уыди нæ республикæйы раззагдæр куыстуæтты номхыгъды. йæ мæйы пълантæ æххæст кодта 110- 125 процентæй. Кусджытæ æнувыдæй архайдтой раззагдæр методтæй кусыныл, йæ рационализаторты нæмттæ кæддæриддæр нымад вæййынц республикæйы раззагдæр рационализаторты номхыгъды. Уæлдай зæрдиагдæрæй куыстой æмæ кусынц фæсивæд. Уыдонæй бирæтæ ахуыр кæнынц фæсаууонмæ. Æмæ диссаг дæр нæу, ацы фабрикæйы коллектив нæ респу- бликæйы коммунистон фæллойы куыстуаты ном райсыныл æп- пæты разæй кæй райдыдта тох кæнын, уый. «Бракæн нæм бынат 333
нæй!» - ахæм лозунг рауагътой фабрикæйы кусджытæ. Æмæ ам Сидахъы-фырт бахауд зын уавæры. Уый йе ’ргом нæма здæхта куысты хъæдмæ. Æмæ иухатт цехы хицау Ермаков бауайдзæф кодта Анатолийæн, брак кæй æруагъта, уый тыххæй. Лæппу æрбамæсты æмæ йæм гуымиры ныхæстæ скодта. Парторгани- зацийы секретарь Иван Гаврилович Андриаш йæхимæ фæдзы- рдта Сидахъы-фыртмæ. Лæппу æнхъæлдта, секретарь æм загъд кæндзæн, зæгъгæ. Фæлæ йæм Иван Гаврилович загъд нæ кодта. Уый Анатолийы фæфарста йæ цардæй, йæ бинонты хабæрттæй. Фæдзырдта йын кусæг адæймаджы кад æмæ царды стыр нысаны тыххæй... Анатоли цехмæ куы бацыд, уæд бустæ кодта, парторг æм кæй фæсидт, уый фæдыл. - Ныуу адз де ’ дыл ы ныхæстæ! Дзæгъæл ы дæм нæ фæдзырдта, загъд кæнын дæм æмбæлы, - æваст ыл фæхъæр кодта Валодя Демченко, йæ хуыздæр æмбал кæй хуыдта, йæ сæрыл бирæ хæттыты чи дзырдта, уый. Сидахъы-фырт дисгæнгæ бакаст йæ хæлармæ: - Уый цытæ дзурыс?! - Цы дын хъæуы, гъеуый! Дæхи уæддæр цæуылнæ уарзыс? Æз дæр ма куы æфсæрмы кæнын, ды цы брак уадзыс, уый тыххæй. Ды дæхæдæг балхæнис, дæлæ цы заготовкæтæ кæныс, уыдонæй конд скъапп? - лæппу ацамыдта Анатолийы конд куыстытæм. - Æлгъитис ын йе скæнæджы. Мæнæн дæр ма мæ фарсæй фæвæййы, демæ хæлар кæй дæн, уый... Æзынма дæхиуыл æрхуддзынæ, ды та.... Анатоли йæм хъуыста, хъуыста, стæй загъта: - Хорз фемæхстæ, мæ хæлар! Ахæм æвзагæй дзурыс мемæ? Æмæ ма уыцы ныхæстæ ныронг цы боны хорзмæ ауæрстай? Æз уæд ныронг дæр ам нал уыдаин. Гъеныр цин кæн: ныр ацы цехæй цæудзысты æрмæстдæр дæ иттæг хорз заготовкæтæ! - ЛæПпу зæхмæ фехста йе ’рмкъухтæ æмæ феддæдуар. 334
* * * Демченко дыууæ боны куыста йæхæдæг иунæгæй. Анатоли та æртыккаг бон дæр куынæ фæзынд, уæд мастер Нартыхъты Хъазыбег йæхи нал баурæдта: -Хъус-ма,Валодя,махСидахъы-фыртыдæумæхуымæтæджы нæ барвыстам. Афтæ æнхъæлдтам, базондзынæ йемæ ныхас кæнын. Фæлæ дæсны хъомылгæнæг нæ разындтæ. Дæхæдæг дæсны специалист бæргæ дæ, фæлæ нæ сарæхстæ лæппуйы дæхи хуызæн кусыныл сахуыр кæнынмæ. Уый нæ, фæлæ йæ фæтардтай... Хорз нæ рауад хъуыддаг. Ныр бавдæл, æмæ ссар лæппуйы. Æнæ уый ма æрбацу, хъусыс! Демченко Сидахъы-фырты ссардта автобусты лæууæны. - Салам дын, Толик! Ам та цы архайыс? - Мæнæ горæтмæ цæуын. - Цæмæн? - Афтæ... Мæхи аирхæфсон. - Ныууадз дæ тæргæйттæ. Цом, бильярдæй ахъазæм. Тагъд улæфты сахат райдайдзæн. Фабрикæйы сырх къуымы никæйы баййæфтой. Валодя бильярдæй хъазæн къоритæ райста, кийты кæрæттæ мелæй айсæрстой æмæ хъазын райдыдтой. - Кæс-ма амæ, фæд-фæдыл цыппар къорийы ку ыд ныппæрста! - бадис кодта Демченко. - Уый лæджы ми у, гъе! Афтæ хъавгæ ныхасæй Валодя Анатолийы æрбаздæхта фабрикæмæ. Улæфты сахат куы фæци, уæд дыууæ æмбалы цехмæ ацыдысты. ...Рацыд дзæвгар рæстæг. Анатоли сси дæсны кусæг. Æмæ ныр адæймаг куы ахъуыды кæны, Сидахъы-фырты уаг æмæ зондахаст рæствæндагыл саразынæн чи тынгдæр баххуыс кодта, ууыл, уæд зын зæгъæн у, раздæр сæ кæй ном бацамындæуа, уый, - Дзигойты Гаврилы. Иван Гаврилович Андриашы, Церекаты Шамилы, Евгений Иванович Ермаковы, Владимир Демченкойы æви Нартыхъты Хъазыбеджы? Уыдон се ’ппæт дæр зæрдиагæй бацархайдтой Анатолийы адæмы æмрæнхъ ракæныныл. Æмбæлтты æххуысæй Анатоли бамбæрста фæллойы ад, куысты 335
цин. Уымæн ныр фабрикæ нал у, бар-æнæбары дæр нысангонд рæстæт искуыдтæ арвитын кæм хъæуы, ахæм ран. Уымæн ныр йæ куыст сси сфæлдыстад, йæ зæрдæ йын кæны рухс. Æмæ уæд йæ раздæры «хæлæрттæ» та? Йæ зæрдæ сыл аивта? Иу бон Демчевко куыстмæ байрæджы кодта. Ахæм хабар никуы ма уыди, æмæ Анатоли мæты бацыд. - Æз абон фæстаг бон кусын, - загьта Валодя, куы æрбацыд, уæд. Анатоли йæм дисгæнгæ бакаст. - Советон Æфсадмæ мæ службæмæ æрвитынц, — бамбарын ын кодта хъуыддаг. Перерывы хæд размæ цехмæ бацыдысты цехы хицау, парторг æмæ Нартыхъты Хъазыбеп - Уæдæ, зæгъыс, фабрикæ рæстæгмæ уадзыс, и? - Демченкомæ дзуры Иван Гаврилович. -О... - Æнæ дæу нын зынгомау уыдзæн, фæлæ цы гæнæн ис... Дæу нын чи раива, ахæм кусæг кæм ссардзыстæм? Æртæ лæджы иуварс ацыдысты Валодяимæ æмæ æрдæгхъæлæсæй ныхас кодтой. Анатолимæ дзы хъуыст æрмæст хицæн ныхæстæ. - ...Æмæ сарæхсдзæни? - бафарста Ермаков. - Мæнмæ гæсгæ, сарæхсдзæн, - дзуапп радта Валодя. - Æцæг нуазгæ куынæ кæна, уæд, - бафтыдта ма йæ ныхасыл. - Æмæ йæ рахæцæн дæр гъеуый мидæг ис, гъе! - хъæрдæрæй сдзырдта парторг. - Кусгæ ныр хорз кæны, сдæсны ис, фæлæ йæм цыма нозтмæ йæхи уромыны фаг хъару нæма ис, уыйау мæм кæсы. Ацы участок та ахсджиаг участок у, æмæ... - Иван Гаврилович, дæ зæрдæ йæм ма æхсайæд, сæвæр æй Демченкойы бынаты, — йæ фæндон загьта Хъазыбег дæр. - Сарæхсдзæни. Æз дæр æм фæкæсдзынæн. - Цæй, кæд æм ды дæ цæст дардзынæ, уæд разы дæн. Анатоли бамбæрста, ныхас ууыл кæй цæуы. «Ау, мæн сæвæрдзысты Валодяйы бынаты? Прагултæгæнæджы?..» — Нæ йæ уырныдта, ахæм бæрнон куыст ын йæ бæрны бакæндзысты, уый. Уалынмæ йæм парторг бацыд æмæ йын загъта: - Анатоли, дæ хæлар æфсадмæ цæуы, æмæ уый бæсты ды ам хицау уыдзынæ нырæй фæстæмæ. Гъемæ - дæ хъару æмæ 336
дæхæдæг: ма нæ фæфыдæнхъæл кæн. Демченко дыл йæ зæрдæ тынг дары. Анатолийæн йæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, хъуыр ахгæнæгау кодта æмæ тыххæйты сдзырдта: - Уæ зæрдæ мæм ма æхсайæд... * * * Æртæ мæйы рацыд, Сидахъы-фырт Демченкойы бынаты куы кусы, уæдæй. Лæппу фыццаг бонтæй фæстæмæ архайдта стыр æнувыдæй. «Хъуамæ ма фæфыдæнхъæл кæнон нæ фабрикæйы разамонджыты», - уыцы хъуыды йæ сæрæй нæ цух кодта. Анатоли æнгомдæр балæууыд кусджыты коллективмæ, йæ уæгъд рæстæг фылдæр æрвыста йæ ног æмбæлттимæ клубы, йæ цин, йæ сагъæстæ сысты коллективы цин æмæ сагъæстæ. «Мæ куысты хъæд хуыздæр уа, фылдæр нын æнтыса», - уый сси йæ сæйраг мæт йæ куысты уæлхъус. Æмæ-иу алы сменæйы фæстæ дæр Анатолийы мыггаджы акомкоммæ æрфыстой: «120 проценты», «130 проценты»... Куыд фæстæмæ Сидахъы-фырт йæ хæслæвæрдтæ æххæст кæнын райдыдта 150-175 процентæй. Йæ куысты брак æппындæр нал уыди. Мæнæ та абон дæр Анатоли йæ цæст ахаста шифоньерты æмæ æндæр дзаумæтты заготовкæты рæдзæгъдтыл æмæ йæхинымæр загъта: «Æппынкъаддæр - нормæ æмæ æрдæг», стæй йæ кусæн раздарæн йæ астæуæй райхæлдта: кусгæбон фæци. Чидæр ын фæстæрдыгæй йе уæхскыл йæ къух æрæвæрдта. Анатоли йæм фæзылди. - А-а, Гаврил куы дæ! — бацин кодта лæппу. - Дæ бон хорз, Анатоли! - Æгас цу, æгас! Кæцæй фæдæ? - Дæу абæрæг кæнон, зæгъгæ, æрбауадтæн. Цæй, куыд цæуынц дæ хъуыддæгтæ? - Æмæ-гъа, архайын... - æфсæрмхуызæй загъта Сидахъы- фырт. - Дæ хабæрттæ дын хъусын, æмæ мын æхсызгон у... - Мæнæн мæхицæн дæр, Гаврил. Раздæр мæ уырнгæ дæр нæ кодта, адæймагæн куыст ахæм æхсызгондзинад дæтты, уый. 337 22
- Лæппу иучысыл фæхъус, стæй йæ цæсгом фæрайдзаст æмæ фæдзырдæргом ис:- Кусгæ куы нæма кодтон, уæд-иу райсомæй хъуыдытыл фæдæн, кæд та мыл баизæр уыдзæн, зæгъгæ. Æнкъард, æнæбæллиц, æнæпълан бонтæ æрвыстон, царды мæм диссаг ницы касти, зæрдæ ницæмæй рухс кодта... Ныр æндæр хъуыддаг у. Доныбыл мын цард æмæ æрдзы рæсугъддзинæдты тыххæй цы ныхæстæ кодтай, уыдон-ма хъуыды кæныс? Уæд дыл æз мæхинымæр худгæ кодтон, цæй æдылы ныхæстæ кæныс, зæгъгæ. Фæлæ ныр мæнмæ дæр цард бæллиццагдæр кæсы. Æрдзы рæсугъддзинад дæр уынын, цъиуты зарын дæр мæм хъары... Ныр æз мæхæдæг мæхи къухтæй аразын, адæмы æхсызгон чи къæуы, ахæм дзаумæттæ. Хатгай магазинмæ дæр бацæуын æмæ цымыдисæй фæкæсын, мах конд буфеттæ, стъолтæ куыд æлхæнынц, сæ рæсугъддæрты сын куыд æнувыдæй февзарынц, уымæ. Къардоны мебельгæнæн фабрикæйы конд дзаумæттæ тынгдæр æлхæнынц, æмæ мын уый æхсызгон у. - Лæппу фæхъус и æмæ Гаврилмæ бакасти: - Хæрзаг мын мæ ныхæстыл худыс дæхинымæр, нæ? -Худын, худын, мæ лымæн, æрмæст дæ ныхæстыл нæ, фæлæ адæймаджы тыхтыл чи не ’ууæнды, уыдоныл. - Гаврил ын æхсызгонæн æрхоста йе уæхск. Фабрикæйæ рацыдысты иумæ. Кулдуары раз уыди бирæ хъæдтæ. Хъахъхъæнæг сæ тыххæйты фæрæзта бацæуæнæй иуварсмæ тулын. - Мах дын аххуыс кæндзыстæм, - зæгъгæ, Анатоли февнæлдта лæгæн æххуыс кæнынмæ. Гаврил дис кодта, лæппу уыцы уæззау хъæдтæ куыд рогæн иста, ууыл, æмæ йæ бафарста: - Ницы хуызы спортыл ахуыр кæныс? - Æмæ мæ цæмæн хъæуы спорт? - Куыд цæмæн? Дæуæй цавæр хорз богал рауаид, уый зоныс?... Фабрикæйæ станцæмæ фæндагыл Анатоли кодта йæ ног æмбæлтты кой: - Знон мæм Нартыхъты Хъазыбег æрбацыд æмæ мын афтæ зæгъы, æз, дам, дæ лæгъзгæнæн станокыл кусын сахуыр кæндзынæн. Æмæ уал мæ знон дыууæ сахаты фæцахуыр кодта. 338
Мæ зæрдæмæ цæуы уыцы станок... Чи зоны, æмæ мæ бæллиц сæххæст уа: æз хъуамæ суон ахæм дæсны столяр, æмæ мæ конд дзаумæттæ адæм æхсызгонæн куыд агурой. - Уый дæхицæй аразгæ у, - загъта Гаврил. - О, хæдæгай, изæры дæ не’вдæлы? Æрбауай-ма-иу, дæ хорзæхæй. Изæры Гаврил Анатолийы акодта клубмæ. Уым хъæбысæй хæцыныл ахуыр кодтой богæлттæ. Дзигойы-фырт нæ фæрæдыд: Анатоли сæм цымыдисæй касти. Фæстагмæ йæхи нал баурæдта, æмæ-ма Къардоны богæлттыл бафтыдис иу. Куыд фæстæмæ йæ ног æмбæлтты руаджы Анатоли арæхæй- арæхдæр цæуын райдыдта театрмæ, библиотекæмæ, бауарзта шахмæттæ. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ Анатолийы царды æрцыд ахсджиаг цау - райстой йæ фæскомцæдисмæ. Æмбырды йæ ныхмæ иу дæр нæ радзырдта. Фабрикæйы фæсивæд экскурсийы цыдысты Тбилисимæ. Машинæ байдзаг адæмæй: чи йæхицæн хуыздæр бадæн куырдта, чи йæ дзæкъул агуырдта, чи дзырдта, тагъддæр цомут, зæгъгæ... Фæлæ æваст иууылдæр фæхъус сты: фабрикæйы дуармæ фæзынд Сидахъты Анатоли. йемæ уьщис... Иван Рузанов - æнæхъæн станицæйы «номдзыддæр» хылкъах. Ахæм адæймагимæ балцы ацæуынмæ ничи бабæлдзæн. - Салам уын! - фæдзырдта сæм Толик. - Тагъд араст уыдзыстæм? - Тагъд, - æнæбары загъта шофыр. - Фæсивæд, æз мæнæ Иваны дæр æрбахуыдтон. Нæ куымдта. Афтæ мын зæгъы, ахæм экскурситы, дам, хорзæй ницы ис, æнкъард, дам, уыдзæн. Рузанов не’мбары, æцæг коллектив цы у, уый, - кæронмæ ма загъта Толик. Æмæ иууылдæр бамбæрстой, Рузановы Толик кæй æрбакодта барæй, кæд æм адæмыхъæр бахъарид æмæ йæ фыдзонды фæндагæй фæиртæсид, зæгъгæ. - Сбад, Иван, мæнæ мæ фарсмæ, - йæ къух æм бадардта Ермаков. ...Æвæццæгæн, бирæ цæуылдæрты ахъуыды кодта Рузанов, уыцы хæлар коллективимæ куы сæмбæлдис, уæд. Экскурсийæ 339
куы æрбаздæхтысты, уымæй цалдæр боны фæстæдæр станицæйыл айхъуысти, Рузанов куысты ныллæууыд, зæгъгæ. Иван сси хæдзараразæг. Уæд Барахъты Иван та цы баци? Уый дæр ма аракæ-бакæ кодта, фæлæ иунæгæй бирæ нал бафæрæзта: кусынмæ бацыд заводмæ. Афтæ фехæлд æртæ «номдзыд» æмбалы «цæдис». Адæм сæфты хулигантыл кæй нымадтой, уыдон сысты рæстзæрдæ фæллойгæнджытæ, бамбæрстой царды ад. Цалдæр фондзыссæдз альпинисты сæ пъалаткæтæ æрцарæзтой бæрзонд хохы фахсыл. Уыдон сты Ирыстоны фæсивæды хуыздæртæ, - нæ республикæйы куыстуæтты, кол- хозты раззагдæртæ, интеллигенци. Сæ фæндаг уыди Сæнайы хохы цъупмæ, Сергей Миронович Киров уыцы хохы цъупмæ куы схызти, ууыл 50 азы сæххæсты æмæ Мæскуыйы ирон ли- тературæ æмæ аивады декадæ байгомы номыл. Æмæ уыцы раз- загдæр фæсивæдимæ ис Сидахъты Анатоли дæр Къардоны ме- бельгæнæн фабрикæйæ. Анатоли бады альпинистты æхсæн æмæ йæ цæст нæ исы Сæнайæ. Уыцы дысæрон уæйыг йæхимæ æлвасы адæймаджы æргом, æфтауы йæ алы диссаджы хъуыдытыл. Зын схизæн у уый их цъупмæ. Зын фæндаг у, æцæг царды фæндæгтæ куыд зын сты, афтæ. Æмæ йыл ссæуын бафрераздзæн æрмæстдæр тыхджын, ныфсвидар, зындзинæдтæй чи нæ тæрсы, ахæм адæймаг. Анатоли æхсызгонæн фæлгæсы хæххон æрдзыл æмæ йæхиуыл дис кæны: цæй куырм уыди, æвæдза, уыйбæрц рæстæг царды рæсугъддзинад чи нæ уыдта! —<ш©>— 340
Тотойты М., Цуциты Б., Цæллаты X. ИРОН АДÆМЫ ЦАРДЫ ФИЛОСОФИ ÆМÆ СОЦИАЛОН-ЭКОНОМИКОН ЗОНДАХАСТ КУЫД РÆЗЫД, УЫЙ ТЫХХÆЙ Цыбыр очерк Революцийы агъоммæ Ирыстон уыд падцзахы Уæрæсейы фæстæзад къуым. Фæлæ уæддæр æнусы нудæсæм 70-80 азтæй фæстæмæ йæ экономикæ рæзыд тынгæй-тынгдæр æмæ бахаудта, империалистон стадимæ чи бахызт, уыцы уырыссаг капитализмы зилдухмæ. 1890-æм азты æмæ 1900-æм азты райдианы Ирыстоны фæзынд цалдæр акционерон компанийы, йæ экономикæмæ фæхæццæ фæсарæйнаг капитал дæр. Капиталистон рæзгæ ахастдзинæдтæ æмæ феодалон цагъардзинады карз æууæлтæ фæтагъддæр кодтой ирон æхсæнад кълæстыл дихтæ кæныны процесс. Ахæм уавæрты Ирыстоны адæмы философон æмæ социалон-экономикон цæстæнгасы рæзтæн уыдис йæхи уавæр. Паддзахы хицауад æмæ йæ карз цензурæ кæд тынг архайдтой алы прогрессивон хъуыды дæр бамынæг кæныныл, уæдцæр ирон интеллигенцийы хуыздæртæ (Хетæгкаты Къ., Цæголты Г., Гæдиаты Ц., Ардасенты А., Хъаныхъуаты И. æмæ иннæтæ) агу ырдтай æмæ-иу ардтой фадат, хæххон адæмы царды фарстатыл мыхуыры æрныхас кæнынæн. Ирон адæмы прогрессивон æмæ демократон архайджытæ сæ уацмыстæ æмæ публицистикон статьяты цы æхсæнадон фарстатыл дзырдтой, уыдоны нысан уыд хæххон фæллойгæнæг адæмы идейон æмæ политикон фарстатæм сцымыдис кæнын, революцион-ссæрибаркæнынадон цæстæнгас сæм сæвзæрын кæнын. Ам æнæзæгъгæ нæй, ирон адæмы цардимæ баст æхсæнадон фарстатæ уымæй размæ дæр кæй ахуыр кодтой ирон интеллигенцийы минæвæрттæ: Х1Х-æм æнусы райдайæны Ирыстоны зындгонд культурон архайæг И. Ялгузидзе (1770- 341
1830), ирон адæмон эпос фыццаг æмбырдгæнæг Цорæты В. (1827-1884), зындгонд ирон фыссæг Хъаныхъуаты И. Уый нудæсæм æнусы 70-æм азты уæдыккон кавказаг мыхуыры цы очерктæ æмæ статьятæ рауагъта, уым ныхас цыд хæххон адæмы царды ахсджиагдæр социалон-экономикон фарстатыл; зындгонд философ материалист æмæ публицист Гаситы А. - бирæ публи- цистикон статьятæ æмæ философон куыстыты автор. * * * Ирыстоны философон æмæ социологон зондахасты, революцион демократизмы рæзты стырдæр бынат æнæмæнг ахсы Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Уый иннæтæй æххæстдæр æмæ арфдæр равдыста бирæнацион Цæгат Кавказы фæллойгæнджыты хъуыдытæ æмæ бæллицтæ. Сæрмагондæй Къоста философон проблемæтыл нæ куыста. Фæлæ йын йе сфæлдыстад - литературон уацмыстæ, публицистикæ æмæ писмотæ куы æвзарай, уæд бæрæг у, дунемæ материалистон цæстæнгас кæй дардта, уый. Дуне адæймаджы сæры зондæй кæй нæ равзæрд, ууыл Къоста гуырысхо нæ кодта. Фыст ын чи нæ фæцис, уыцы поэмæ «Цар»-æй («Чердак»-æй), бæрæг у, Къоста материализммæ æмæ революцион демократтæм ахæм цæттæ зондахастимæ æмæ лæгъз фæндагыл кæй не ’рбацыд, уый. Поэмæйы геройтæ сты поэтмæ хæстæг адæм. Уыдонæй иу афтæ зæгъы: «Дуне уыдис, ныр куыд у, афтæ, уыдзæн амæй фæстæмæ дæр, æмæ йын йæ равзæрдмæ мах ницы бар дарæм». Къостамæ гæсгæ, философи хъуамæ лæггад кæна сæрибардзинадыл фæллойгæнджыты тохæн. Гъе, ахæм материалист æмæ революцион демократы цæстæнгас æм уыд, æппæт социалон фæзындтытæн дæр аргъ кæнгæйæ. Къоста тох кодта, æцæгдзинад куыддæриддæр у, афтæмæй цæмæй æвдыст цæуа, ууыл, йæхимæ хæстæг никуы æрбауагъта, литературæ æмæ аивады цы идеалистон фæзындтытæ уыдис, уыдон. Уый нæ, фæлæ пессимизм æмæ идеализмы ныхмæ дзырдта карзæй. «Зæххыл æцæг амонд нæй, зæгъгæ, чи зæгъы, уыдон æз æппæт адæмы раз схондзынæн абадгæ чызджытæ», - фыста уый. 342
Къостайы зондахастыл тынг фæзынд уырыссаг стыр революцион демократтæ Герцен, Белинский, Чернышевский, Добролюбов, Некрасов æмæ иннæты революцион архайд. Уый сын райста сæ раззагдæр хъуыдытæ, фидарæй лæууьщ сæ хуыздæр революцион-демократон традициты фарс æмæ сæ дарддæр рæзын кодта. Стыр зонд равдыста Къоста социологийы фарстаты дæр. Зæгъæм, уый раст бамбæрста æмæ саргъ кодта, Кавказы адæмтæ Уæрæсеимæ кæй баиу сты, уымæн. Националистон зондахаст кæмæ уыд, ахæм адæймæгтæ уыцы стыр цауы кавказаг адæмтæм хорзæй ницы уыдтой, Къоста та амыдта, раззагдæр, прогрессивондæр уырыссаг культурæимæ баиу уæвын у хæххон адæмы, уыимæ ирæтты пайдайæн дæр, зæгъгæ. «Ирæттæ Кавказы уырыссæгтæн знаг никуы уыдысты», - фыста Къоста. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый афтæ дзуры, бынæттон адæмы бартæ æппындæр чи ницæмæ дардта, уыцы эксплуататорты æмæ паддзахы админстрацийы нæ, фæлæ уырыссаг фæллойгæнæг адæмы тыххæй. Капитализмы æвзæрдзинæдты ныхмæ дзургæйæ, Къоста хорз æмбæрста, раздæр мидбынаты цоппай чи кодта, ирон адæмы уыцы скæнынадон тыхты рæзтыл капитализм хорзырдæм кæй фæзынд, уый. Капитализм Ирыстонмæ кæй æрбахæццæ, уый кæрон скодта, иуæй-иу кавказаг адæмтæ XIX æнусы æмбисы онг, В. И. Ленины загъдау, «дунеон хæдзарадæй иуварс æмæ ма суанг дунеон историйæ дæр иуварс» кæй лæууыдысты, уымæн. Зынгæ фæтагъддæр Ирыстоны экономикон æмæ культурон рæзт, фæтыхджындæр ирон æхсæнад кълæстыл дих кæныны процесс, карзæй-карздæр кæнын райдыдтой кълассон ныхмæлæудцзинæдтæ. Æппæт у ыцы цаутæн раст аргъгонд æрцыд Къостайы аивадон æмæ публицистикон уацмысты. Хетæгкаты Къостайы социологион цæстæнгасы зынгæ бынат ахсынц социалон революцийы фарстатæ. Уый уыдта, революци куыд æрбахæстæг кæны: 343
Нымад ысты минуттæ... 'Рцыдысты фæдисы цаутæ Джебогъыл судзы ирд сæуæхсидтæн йæ тын... Æмæ Къоста цæттæ уыд уыцы тохы адæмы фарсмæ, æрлæууынмæ: Нæ федтон амонд æз, фæлæ, мæуды бартæ, - Кæд мын зынаргъ ысты, раст амондау, уæддæр, — Мæ мæгуыр адæмæн рæсугъд сæрибар цардмæ Æз иу къахдзæфыл дæрраттынмæ цæттæ. Гъе, æцæг, цавæр революцийыл дзуры, йæ сæйрагдæр тыхтæ чи уыдзысты, цавæр мадзæлттæ æмæ методтæй æрвыст цæудзæн, уый бæлвырд никуы равдыста. Фæлæ гуырысхойаг нæу, уырыссаг революцион демократтæ кæуыл тох кодтой, ахæм - адæмон зæхкусджыты революцийыл кæй дзырдта Къоста, уый. Æну сты дæргъы адæмтæм цы æгъдау сфидар, у ыимæ паддзахы хицауад цы административон методтæй хæцыд, уый ныхмæ дæр тынг дзырдта Къоста. Уæды хицауады минæвæрттæ цъыфкалæн кодтой кавказаг адæмтыл: уыдон, дам, æрдзæй рахастой тугисын, марын, давын æмæ æндæр фыдракондцзинæдтæм тырнындзинад. Къоста тынг мæстджынæй фыста уыцы расистты ныхмæ. «Терские ведомости»-йы æвзагыл мæхъхъæлон ауындзæнмæ кандидат æмæ тугдзых йеддæмæ ном нæй, - фыста Къоста. - Кæд мæхъхъæлон дæ -уæд, æнæмæнг, дæ тугдзых, хуыснæг, марæг»... Къоста сбæлвырд кодта, уыцы заман кавказаг адæмтæй иуæй- иутæм цы фыдраконддзинæдтæ уыдис, уыдон æрдзæй рахæсгæ кæй нæ уыдысты, фæлæ бæлвырд социалон царды уавæртæй кæй равзæрдысты, уый. Къоста хорз æмбæрста, рагон цардæй баззайæг зианхæссæг æгъдæуттæ кавказаг адæмтæн, уыимæ ирæттæн дæр, цас зиан хастой, уый. Нæ сæ уагътой раззагдæр уырыссаг культурæмæ бахæстæг кæнын. Уыдоны ныхмæ хъæуы тох кæнын, зæгъгæ, дзырдта Къоста, административон мад|зæлттæй нæ, фæлæ зонындзинæдтæ, адæмыл рухсад хæлиу кæнынæй. Уымæй бæрæг у, Къоста кæй нæма æмбæрста, уыцы 344
зианхæссæг баззайæггæгтæ фесафынæн афтид рухсад фаг кæй нæу, фæлæ фехалын кæй хъæуы, кæуыл æнцайынц æмæ сын рæзыны фадат чи дæтты, уыцы цардарæзт. Къоста хорз æмбæрста, капитализмы рæзт адæмы зондахастыл æвзæрырдæм кæй зыны, кæй сæ халы, уый. Кæд раздæр адæмы ахастдзинæдтæ кад æмæ дзырдæн хицау уæвыны бындурыл уыдысты, уæд сæм ныр тынгæй-тынгдæр кæны иунæг тырнындзинад - цыфæндыйæ дæр исты пайда фæкæнын. Къоста уыд интернационалист, фæлæ уыимæ йæхи бæстæйы патриот дæр. Уый йæхи æвзагау зыдта уырыссаг æвзаг, йæ уацмысты фылдæр хай дæр фыст у уырыссаг æвзагыл. Уымæн та стыр ахадындзинад ис: Къоста афтæмæй ирон адæмы хæстæгдæр кодта уырыссаг культурæмæ. Уымæн æмæ, Уæрæсе æппæт кавказаг адæмтæн дæр уыд сæ иумæйаг райгуырæн бæстæ. Уымæ гæсгæ, фыста Къоста, уыдон «хъуамæ сæ цæст дарой уырысы цардмæ, культурон адæмы архайдмæ, хъусой уырыссаг ныхас, æмгуыст кæной уырыссаг пионеримæ, сæ сывæллæтты дæттой уырыссаг скъолатæм». Фæллойгæнæг адæммæ уарзондзинад æмæ уыдоны æфхæрджытæм æнæуынондзинад - ахæм у Къостайы æппæт сфæлдыстады мидис. Уый бындурыл Къостамæ сæвзæрд нацио- налон æмæ интернационалон раст цæстæнгас. Революцион демократы цæстæнгас дардта Къоста национ- ссæрибаркæнынадон змæлдмæ дæр. Зæгъæм, 1899-1901 азты англо-бураг хæсты рæстæг уый уыд бурты фарс - уыдон хæцыдысты англисæгты ныхмæ сæхи ссæрибар кæныныл. Бирæ диссаджы хорз хъуыдытæ ныууагъта Къоста адæймаджы амонды тыххæй. Фæллойгæнджыты амонд Къоста уыдта сæрибардзинадыл тохы. Адæймаджы къабæзтæ æмæ зонды аккаг рæзтæн æнæмæнг хъæуы сæрибардзинад, уый та райсгæ у тохы. Къоста æдзухдæр уыд, йæ фæллойæ цардыхостæ чи аразы, æхсæнад хæринаг æмæ уæлæдарæсæй чи æфсады, уыдоны фарс. Фæллой у æхсæнады рæзты сагйрагдæр мадзал, уый хуыздæр кæны адæймаджы удыхъæд, ахъаз кæны, адæймаг дунемæ раст, 345
материалистон цæстæнгас цæмæй дара, уымæн. «Фæллой царды æнæмæнг хъæуы, - фыста Къоста, - дон æмæ нæ уæлдæф куыд æнæмæнг хъæуынц, афтæ, æнæ фæллойæ адæймаг кæны цыдæр фæлладхуыз, йæ алыварс цы цæуы, уымæ кæсы куьщфæндыйæ». Фæллой у адæмы раст хъомыл кæныны бындур, æгуыст æмæ лæвархор (ахуыр) адæймаг сæфтмæ цæуы», - афтæ хъуыды кодта Къоста. Къостайы зондахасты сæйрагдæр миниуджытæй иу у революцион демократизммæ здæхт материалистон эстетикæ. У ырыссагреволюцион демократтау, уый дæр сæйрагдæр хотыхæн равзæрста литературон сфæлдыстад æмæ публицистикæ. Уæды уавæрты социалон хъазайрагдзинады ныхмæ тохæн æмæ фæллойгæнджыты уæрæх дзыллæтимæ бастдзинадæн уьщонæй хуыздæр мадзал нæ уыд. Къоста бæрзонд систа кавказаг адæмты сæрибардзинады тохы тырыса æмæ йæ кадимæ кæронмæ ахаста йе ’ппæт сфæлдыстады. Аивады нысан хъуамæ уа адæмы хорздзинад. Аивады тох æмæ цардхъомдзинад сты цардимæ бастдзинады. Къостайы поэтикои уацмысты ис арф философон мидис, сты идейон, сæ формæ та - æнаипп. Фыссæджы сфæлдыстады ахадындзинад, кавказаг адæмты культурон рæзтæн ахъаз кодта, æрмæст уым нæй, - уый сын бæрзонддæр кодта сæ политикон æмбаргæдзинад дæр. Дунемæ материалистон цæстæнгас даргæйæ, Къоста уыд дины ныхмæ. Уый æмбæрста, дин цыфæнды хуызы куы уа, уæддæр æхсæнады царды адæмы зонд кæй талынг кæны. Къостамæ гæсгæ, иу Хуыцау дæр нæй, æмæ адæм хъуамæ йе ’ххуысмæ æнхъæлмæ кæсынæй сæхи ма сайой. Уый æдде ма Къоста амыдта, зксплуататортæ динæй кæй пайда кодтой чырыстæттæ æмæ пысылмæтты кæрæдзиуыл ардауыны, алыхуызон нациты кæрæдзийæн æнæуынон скæныны тыххæй. Къоста дины ныхмæ кæй уыд, уый уæлдай бæлвырддæр зыны, моллотæ, сауджынтæ, моладзантæ æмæ адæмы зонд æндæр талынггæнджытæм цы æнæуынон цæстæнгас дардта, уымæй. Уый сæ хуыдта расыгтæнджытæ, цæстфæлдахджытæ, 346
фæлитойтæ. Иу уæларвон цард дæр нæй, дзæнæтмæ бахаудзынæн, зæгъгæ, йæхи мачи сайæд, цард ис æрмæст зæххыл, æмæ тох кæнын хъæуы, цас амал ис, уыйас хуыздæр цæмæй уа, ууыл, - афтæ хъуыды кодта Къоста. Зæгъын хъæуы уый, æмæ кæд Къоста карз критикæ кодта дины, уæддæр уыцы критикæ арф нæ уыд. Дин арф æмæ раст критикæ кæнынæн, адæмы сайынæн æрымысгæ у, уый сбæлвырд кæнын æгъгъæд нæма у, - уый тыххæй йæм бацæуын хъæуы диалектикон материализмы позицитæй. Уæды историонуавæрты та Къостайæн йæ бон не ссис диалектикон материализммæ рахизын. Къостайы революцион-демократон зондахаст тынг фæзынд ирон интеллигенцийы прогрессивон хайыл. Ардасенты Гаврилы фырт Алексей (1852-1916) уыд демократон зондахасты прогрессивон архайæг. Ссæдзæм æнусы 70-æм азты архайдта революцион народникты змæлды, ссæдзæм æнусы 90-æм æмæ уый фæстæ азты фыста бирæ публицистикон уацмыстæ. Йæ литературон сфæлдыстадæй зындгонддæр у «Переходное состояние горцев Северного Кавказа» (Тифлис, 1896 аз). Уым автор тынг бæлвырд равдыста, ирон адæмы экономикæ æмæ æппæт цардыуаджы фæзынгæйæ сæм уырыссаг капитализм йемæ сæ социалон æмæ хæдзарадон царды цы стыр ивддзинæдтæ æрхаста, уый. Ардасены-фырт народникты зондахастæй бынтон не суæгъд, фæлæ уæдцæр, зæгъæм, капитализмы ахадындзинадæн аргъ кæнгæйæ, уый «легалон марксисттæй» ацьщ бирæ дарддæр: зыдта, капитализмы рæзтæн бауромæн кæй нæ уыд, капитализм йæ размæйы цардарæзтæй прогрессивондæр кæй уыд, уый. Фæлæ уыимæ Ардасены-фырт æгъатырæй æргом критикæ кодта капитализмы æвзæрдзинæдтæ, хъæддыхæй дзырдта буржуазийы, уæлдайдæр та ног эксплуататорон тых - хъæууон буржуазийы ныхмæ. Стыр ахадындзинад ис ахуырадæн, зæгъгæ, фыста Ардасены- фырт, æрмæст уый фæрцы рацæудзысты хæххон адæм талынгæй 347
рухсмæ, фервæздзысты сæ фæстæзаддзинадæй, рацæудзысты прогрессивон рæзты уæрæх фæндагмæ. Ахуырад у «наукон стырдæр сæрыстырдзинад... уымæн йæ бон у цыфæнды егъау цæлхдурты сæрты ахизын». Хъаныхъуаты Дудары фырт Инал (1851-1893) йæ ли- тературон куыст кæнын райдыдта суант нудæсæм æнусы 70-æм азты. 1879 азы йæ æрцахстой йæ демократон зандахасты тыххæй æмæ йæ ахастой Дард Хурыскæсæнмæ æмæ дзы фæцис нудæсæм æнусы 90-æм азты райдайæнмæ. Ам ныммыхуыр кодта бирæ æмдзæвгæтæ æмæ публицистикон статьятæ. Иналмæ уыд рæдыдтытæ дæр, фæлæ æнæхъæнæй дæр уыд адæмы фарс æмæ йæ фæндыд, уыдон капитализмы къæлæтæй революцийы руаджы куы суæгъд у ыдаиккой, уый. Инал æдæрсгæ гом кодта капитализмы хъæдгæмттæ, дзырдта хæстыты, буржуазон конституцийы ныхмæ. Фæлæ хæсты кълассон, социалон мидис не’мбæрста, уымæ гæсгæ хъуыды кодта, хæсты аххосджынтæ сты, чидæриддæр дзы архайы, уыдон иууылдæр, зæгъгæ, уымæн æмæ иууылдæр тырнынц уæлахиздзинадмæ. Инал гуырысхо нæ кодта, социалон æмæ политикон сæрибардзинадыл тох адæмы, æппынфæстаг, уæлахиздзинадмæ кæй æркæндзæн, ууыл. Æнæ зæгъгæ нæй, империализмы заман ирон интеллиген- цийы раззагдæр минæвæртты прогрессивон, демократон æхсæ- надон зондахастыл тынг кæй фæзындысты марксизм-лениниз- мы æнæмæлгæ идейæтæ, уыимæ, Кавказы большевикон органи- зацитæ цы листовкæтæ æмæ прокламацитæ уагътой, уыдон. Социал-демократон къордтæ Ирыстоны фæзындысты Вла- дикавказ æмæ стырдæр хъæуты (Чырыстонхъæу, Беслæныхъæу, Джызæл, Олгинскæ) суанг фыццаг уырыссаг революцийы агъ- оммæ. Уыцы къордты ахуыр кодтой Маркс, Энгельс æмæ Лени- ны хицæн куыстытæ, уæлдайдæр та - «Коммунистон партийы манифест». Уыцы къордты уæнгтæй иу, фыссæг Тугъанты Б. ирон рауагъдады æхсæнад «Ир»-ы прогрессивондæр минæвæрт- тæ Уруймæгты X., Гæдиаты Ц. æмæ æндæрты фæдзæхстмæ гæсгæ 1906 азы райдыдта тæлмац кæнын Маркс æмæ Энгельсы, «Каммунистон партийы манифест», ратæлмац ын кодта йе ’ртæ 348
цыппæрæм хайы, фæлæ, фыццаг революцийы фæстæ цы реакци райдыдта, уымæ гæсгæ йæ бахъуыд Ирыстонæй ацæуын, æмæ куыст кæронмæ нал ахæццæ кодта. «Манифест» тæлмацгонд кæй уыд æмæ йæ рауадзынмæ кæй хъавыдысты, уый æвдисæн у, ирон æхсæнад XX æнусы райдайæны цæттæ кæй уыд марксизм-ленинизмы идейæтæ æрбайсынмæ, Ирыстоны дæр кæй уыд, уырыссаг революцион демократиимæ æнгом бастæй, уырыссаг кусæг кълас æмæ йæ раззагдæр хай - революцион марксистон партийы разамындæй уыцы идейæтæ кусджытæ æмæ зæхкусджыты уæрæх дзыллæтæм бахæссыныл чи тох кодта, ахæм тыхтæ. Терчы облæсты фæллойгæнджыты кълассон хизонындзинад æмæ революцион æмбаргæдзинады рæзтыл тынг фæзындысты, 1909-æм азæй 1917 азы онг Коммунистон партийы зынгæ архайæг С. М. Киров либералон прогрессивон газет «Терчы» цы публицистикон статьятæ мыхуыр кодта, уыдон. Киров ныффыста, Уæрæсейы æмæ уыимæ Кавказы æхсæнадон царды бирæ фарстаты тыххæй сæдæгай статьятæ. Уым тынг критикæ кодта хицауиуæгæнæг къласы адæмы ныхмæ арæзт политикæ æмæ идеологи. Паддзахадон Думæ æмæ уый депутатты, æргом кодта фыццаг дунеон хæсты империалистон мидис, æвдыста дзыллæты æмбаргæдзинады рæзт, капитализмæн æнæ фесæфгæ кæй нæй, уый, II Интернационалы социал-демократон партитæ кæй сты адæмы ныхмæ, сæ хицауæдты фарс. Уыцы статьятæ тыхджындæр кодтой фæллойгæнджыты активондзинад. Киров иу æмæ дыууæ хатты нæ фыста карзæй догматизмы, метафизикæйы æмæ меныневикты вульгарон материализмы ныхмæ. Афтæ, йе статья «Цъымарайы тыххæй»-ы фыста: «Æз зыдтон иу эс-декы (социал-демократы. - Автортæ), кæцы мæргъты атахтмæ дæр каст кълассон интересты цæстæнгасæй æмæ фидарæй дзырдта, сæрызонд æмæ, дам, уирагдурæй ницы хъауджыдæр ис». Ахæм эс-дек уыдис РСДРП-йы Теркаг-Дагестайнаг Коми- теты разамонджытæй иу, меньшевик Цæлыккаты А. Фыццаг уырыссаг революцийы азты уый æппæлыд Ирыстоны раздæры 349
феодалон цардарæзтæй, дзырдта, æлдæрттæ эксплуататортæ не сты, мæгуыртæ æмæ хъæздгуытæ хъуамæ хæларæй иæрой кæрæдзиимæ, зæгъгæ, ирон национ культурæ та хуыдта æп- пæтадæмон, ома, æмхуызон хай дзы ис эксплуататортæн дæр æмæ цагъайрæгтæн дæр. Бирæ статьяты уый равдыста йæ на- ционалистон зондахаст, ссис Цæгат Кавказы реакцион капита- лизмы идеалогтæй иу, фæлæ йын йæ хъуыдыты фарс адæмæй ничи æрлæууыд. Столыпины реакцийы азты разы уыд мень- шевиктæ-ликвидатортимæ, уыдон та æцæгдзинадæй архайдтой кусæг кълас буржуазиимæ бафвдауын кæныныл. Цæлыччы-фы- рт уыдис, Ленин йе статьятæй иуы кæй ныддæрæн кодта, уыцы меныыевиктæ-ликвидатортæй иу. Февралы революцийы фæстæ Цæлыччы-фырт дзырдта Кавказ революцион Уæрæсейæ атоны- ныл æмæ, Турчы дæлбар чи уа, ахæм цæгаткавказаг пысылмон паддзахад саразыныл. 1918 азы фæззæджы Терчы контрреволю- ци дæрæнгонд куы ’рцыд, уæд уый алыгъд фæсарæнтæм æмæ уым дæр карз тох кодта Советон хицауады ныхмæ. 1905-1907 азты революцийы фæстæ ирон интеллигенцийы прогрессивон æмæ демократон архайджытæ сæ публицистикон статьяты ноджы карздæрæй æвæрын байдыдтой сæйрагдæр æхсæнадон, социологион фарстатæ. Æмæ уый хуымæтæджы нæ уыд. Паддзахы фарслæууæг публицисттæ (Лисичкин, Максимов, Вертепов æмæ æнд.) тынг архайдтой, Цæгат Кавказы паддзах цы æгъдæуттæ æрæвæрдта, уыдон хорзæй равдисыныл. Паддзахы хицауад, дам, ам йæхицæн ницы агуры, архайы хæххон адæмы хорздзинадыл, тынг тыхсы Цæгат Кавказы «хъæддаг» адæмты культурон рæзт æмæ ахуыргонддзинадыл. Цæгат Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уый фæстæ дзы карзæй цы фæзынд, уыдон иууылдæр цыма паддзахы хорзæхæй сты, хъуыддаг афтæ равдисынмæ хъавыдысты. Хæххон адæмы мæгуырдзинад æмæ политикон æнæбардзинад та, дам, у, «тугдзых» кæй сты æмæ кусын ахуыр кæй не сты, уый аххос. Æмæ паддзахы хицауад афицерты, инæлæртты цинтæй, зæххæй кæй балхæдта, уыцы ирон феодалтæ иу ныхас дæр никуы скодтой уыцы цъыфкалæны ныхмæ. 350
Уæды Ирыстоны æлдариуæггæнæг уыд хæдхæцæг паддза- хад æмæ чырыстон дины идеологи, хæлиу та йæ кодтой æл- дæрттæ æмæ бадилатæй рацæуæг интеллигенци (Санаты А., Дудараты М. æмæ æндæртæ). Уыдон архайдтой, Ирыстоны ре- волюцион змæлд куыннæ рæза, æрмæст уый ныхмæ нæ, фæлæ ма фæллойгæнджытæ æхсæнады царды прогрессивон формæтæ æмæ рухсадмæ сæ хъус куыннæ дарой, ууыл. Уый зыны, фыццаг уырыссаг революцийы азты Беслæныхъæуы сæ сусæг æмбырды цы контрреволюцион программæ сарæзтой, уымæй дæр. Уымæн йæ 15 пунктæй сæйрагдæртæ уыдысты «...æппæт хуызты рево- люционерты сафын...», «...нæ къухы чи ис, уыцы æххуырсты- тыл, зæххытæ нын чи радта, уыцы паддзахадмæ патриотон (?!) уарзондзинад æфтауын...», «нæ дæлбар мыггæгтæн æппындæр ницы хъæр кæнын, талынг æмæ æгомыг куыд уой, афтæ бакæ- нын, сæ цоты сын скъоламæ нæ уадзын...», «мах æмæ паддза- хадæн тас кæмæй у, уыдон марджыты æххуырсынæн æхца æм- вынд кæнын» æмæ афтæ дарддæр. Уыцы æвирхъау програм- мæйæ уыдон хъавыдысты сæхи адæмæй фæхицæн кæныныл, историйы цалх фæстæмæ разилыныл, фæлæ сын истори сæхи- цæн стæрхон кодта. Уыцы идеологийыл хæст уыд революцийы заман æмæ йæ фæстæ дæр Ирыстоны либералон-монархион буржуазийы идеолог Байаты Гаппо дæр. Уый йæхæдæг дæр уыд хъæзд- гуытæй - 1905 азы хæд размæ балхæдта 500 дæсæтины хуымзæхх. Гаппойы архайд бæлвырд æвдыста, ирон æлдæрттæ, бадилатæ æмæ падцзахы администрацийæн революцийы тыхты ныхмæ цы цæдис уыд, уый. Дæс азæй фылдæр фæлæууыд уый горæты сæргъы. Йæ бирæ статьятæ æмæ раныхæсты Гаппо æппæлыд, Кавказы паддзахы администраци цы бирæ «хорздзинæдтæ» бакодта, уыдонæй. 1905 азы революцийы заман уый домдта революцион адæмы ныхмæ тызмæгдæр æфхæрæн мадзæлттæ саразын, хатыд революцийы цыфыддæр знаг булкъон Ляховмæ «Ирыстоны хъæбæрдæр хицаудзинад» æрæвæрыны, пъæлицæйæгты нымæц æмæ сæ æфхæрæн митæ фæфылдæр кæныны тыххæй. 351
Байы-фырт революцийы фæстæ лæууыд Столыпины фарс æмæ æнувыдæй райдыдта хъæуты хъæздгуыты хæдзарад фидардæр кæнынмæ, уыдоны пайдайæн хъæууон банктæ аразынмæ. Уыдон мæгуыр адæмы цард ноджы æвзæрдæр кæй фæкæндзысты, æххуысы бæсты, уый тынг хорз равдыста, Гаппойы ныхмæ дзургæйæ, Цæголты Михалы фырт Георги (1870-1939). Зындгонд поэт æмæ публицист, уый тынг фæахъаз Ирыстоны æхсæнадон-экономикон зондахасты рæзтæн, фæллойгæнæг зæхкусджыты зондахастæн. Георги йе ’мдзæвгæты æвдыста адæмы царды ахсджиагдæр фарстатæ, сидт сæм хæдхæцæг паддзах æмæ бынæттон тугцъирты ныхмæ тохмæ. Æрмæстдæр, буржуази æмæ помещикты фæсургæйæ, фæллойгæнæг дзыллæтæ райсдзысты сæрибардзинад, дзырдта уый. Суанг нудæсæм æнусы 90-æм азты Георги лæмбынæг ахуыр кодта, ирон зæхкусджытæ сæ исбонмæ гæсгæ кæрæдзийæ куыд хицæн кæнынц, уый, карзæй, тынг мæстджынæй фыста хъæуы ног «хицау» - кулакты ныхмæ. Цæголы-фырт уæлдай фылдæр æргом здæхта аграрон фарстамæ. Йе стырдæр куыст дæр у, хæххон ирон адæмы æхсæн зæхх куыд дихгонд у æмæ дзы чи цы уавæры ис, уый тыххæй очерктæ (рацыдысты 1912 азы). «Раст цыма адæймаджы тынгдæр нылхъивыны тыххæй æрдз æмæ истори цæдис скодтой, уыйау у, - фыста Цæголы-фырт. - Хæхты зæххытæ нæ бæззынц адæмымыггаг хæдзарад саразынæн... Хæхты адæм сыдæй цагъды кæнынц...» Бæлвырд æвдисæнтæ æрхæсгæйæ, Георги равдыста, хохы цæрджытæм зæхх кæй ис иннæ рæтгы адæмæй æхсæз хатты къаддæр. «Хæхты цæрæг алы авд нæлгоймагæй дæр мæгуыр фынджы уæлхъус бынат ис æрмæст иунæгæн, иннæ æхсæз хъуамæ сыстой уырдыгæй», - ахæм кæронбæттæн скодта Цæголы-фырт йæ очеркты. Æмæ уыцы хъуыддаг Цæголы-фырт æрдзы аххос нæ кæны - мæгуырдзинад æвзæры нæ сациалон-экономикон уавæртæй, фыста уый. Фæлæ ацы раст хъуыдыйæ Георги æххæст революцион хатдзæгтæ не скодта. Уыцы уавæрæй фервæзынæн 352
уый амыдта æрмæст иунæг мадзал: падцзахад балхæнæд хъæздгуыты зæххытæй æмæ уыдон, стæй йæхи зæххытæй дæр быдырты раттæд, зæхх кæмæ нæй, уыдонæн. Хæххон адæм зæхх аренды истой хъæздгуытæй, фæлæ йæ аргъ фылдæрæй-фылдæр кæй кодта, уымæ гæсгæ йæ исын сæ бон нæ уыд æмæ сæ райгуырæн хъæутæй цæуын байдыдтой æндæр рæттæм: Фæскавказмæ - Бакуйы нефты промыслæтæм æмæ Чиатурæйы марганецы рудниктæм, Бодайбойы сыгъзæринкъахæнтæм, бирæтæ-иу ахызтысты фурдтæ æмæ денджызты сæрты - дард Австралимæ, Канадæмæ, Америчы Иугонд Штатты хурныгуылæн хаймæ, уазал Аляскæмæ. Адæмæн сæ бон нал уыд хъалон фидынæй дæр. Æмæ кæй фыстой, уымæй ма исты сæхиуыл хардзгонд куы цыдаид. Цæголы-фырт карзæй дзырдта, хъæздыгæй, мæгуырæй иуху ызон хъалон кæй фыстой, уый ныхмæ. Уый домдта хъалон исбонмæ гæсгæ æвæрын, æмбырдгонд цы фæрæзтæ цæуа, уыдон та адæмæн сæхиуыл, сæ культурæйы рæзтыл хардз кæнын. XIX æнусы дыккаг æмбисы æмæ XX æнусы райдайæны ирон прогрессивон культурон зындгонд архайджытæй иу уыд Гаситы Абрамы фырт Афанасий (1844-1916). Хæххон адæмы æхсæнадон царды тыххæй уый ныффыста къорд чиныджы æмæ бирæ публицистикон статьяйы. Империализмы рæстæг кæй ныффыста, уыцы чингуытæй зынгæдæр сты «Цæгат Кавказы туземæгты æмæ хъазахъхъæгты зæххыты æмæ экономикон уавæр» (1909 аз, Владикавказ), «Чи фесæфт, уыцы хъæууон банк æмæ хъæуты æгъдæутты тыххæй» (1912 аз, Владикавказ). Уыдоны Гасийы-фырт равдыста хохаг адæм зæххыл куыд тыхст сты, æмæ уый падцзахы колонизаторон политикæ, уæлдайдæр та Столыпины хъæдцаг закъонты аххос кæй у, уый. Фыццаг чиныджы Гасийы-фырт тынг критикæ кæны Столыпины аграрон политикæ æмæ Цæгат Кавказы зæххы фарстатæ Паддзахадон Думæйы реакцион депутатты цæстæнгас. Гасийы-фырт равдыста, Цæгат Кавказы хæххон адæмы мæгуырдзинады аххосæгтæй иу кæй у, зæхх уыдон æмæ хъазахъхъæгты æхсæн раст уæрст кæй нæу, уый, æмæ амоны хæххон адæмы уавæр фенцондæр кæныны мадзæлттæ. 353 23
Дыккаг чиныджы, ирон зæхкусджыты тынг зын уавæр равдисгæйæ, Гасийы-фырт æгъатыр критикæ кæны Байаты Гаппойы, раргом ын кодта йæ æцæг, Столыпины æвирхъау закъоны фарсхæцæджы цæсгом. Зæххы тыххæй ног закъон Терчы облæстмæ куы схæццæ уа, уæд адæмæн йемæ схæсдзæн стыр бæллæхтæ, - фыста уый. Фæлæ, кæд буржуазон либералты цыфæнды карз критикæ кодта, уæдцæр Гасийы-фырт йæхæдæг дæр не сси æнæфæцудгæ демократ, баззад лыстæгбуржуазон реформизмы позицитыл, философийы та - идеалистон позицитыл. Революцион демократизмы æмæ материалистон философийы позицитыл лæууьщ поэт-революционер Гæдиаты Секъайы фырт Цомахъ (1882-1931). Фыццаг уырыссаг революцийы азты уый ныффыста къорд революцион æмдзæвгæйы, уыд революцион тохы активон архайæг, æмæ у ый тыххæй хаст æрцыд Сыбырмæ. Йæ философон зондахаст раргом кодта 1912 азы йе статья «Искандер Герцен»-ы (ныффыста йæ Герцены райгуырды сæдæ азы бонмæ). Гæдиаты Цомахъ Герценæн кæны стыр аргъ, куыд сæрибардзинадыл тохы зынгæ архайæг, арф хъуыдыгæнаг æмæ дæсны публицист, литературон критик æмæ беллетрист. Паддзахы хицауады критикæ кæнгæйæ, Гæдиаты Цомахъ фыста: «Æппынæдзух чи æлхъывта... æмæ сæрибарæй сулæфын хицæн адæймæгты æхсæнадон, паддзахадон цард чи нæ уагъта, бюрократизмы уыцы къух кæд домбай æмæ уæззау у, уæддæр, æгас уд, æгас хъуыды хъуыддагмæ йæхи куыд тоны, афтæ сæхицæн фæндаг ссарынц æмæ æхсæнадмæ тæдзынц рæсуг, царддæттæг цыхцырæгтæ. Кæд реакцион тыхтæ цыфæнды дæр кодтой, кæд адæймаджы алы сæрибар хъуыды дæр амарынмæ хъавыдысты, уæддæр уый баирвæзы цардмæ, бон цыфæнды хъуынтъыз куы уа, мигътæ цыфæнды бæзджын куы уой, уæддæр». XIX æнусы 40-æм азты цы æхсæнадон къордтæ уыд, уыдонæй Цомахъ æрлæууыд «западникты фарс, фыццаджыдæр та - Герцены фарс. Уыйау Цомахъы дæр хъуыдис удæнцой нæ, фæлæ архайд, Герцены мæнæ ацы ныхæстæ та скодта йæ архайды нысан: «Мах реалисттæ стæм, æмæ нæ уарзондзинад дæр хъуамæ 354
архайд суа; адæймаг у æрмæст хъуыдыгæнæг нæ5 фæлæ архайæг цæрæгой; зæрдæйæ æмбарын хъæуы цардмæ рацæуынмæ, дæ идейæ царды æцæгæй равдисынмæ тырнындзинад». Нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы ахастдзинæдтæм Герцены цæстæнгасыл дзургæйæ, Цомахъы дæр фæндыд «сылгоймагæн йе ’нусон цагъардзинады хъадамантæ рафтауын, уый нæлгоймаджы æмрæнхъ æрлæууын кæнын, сæрибар æмæ йæ амондджын скæнын...» Бæрæг у, Цомахъ зонгæ кæй уыд марксистон философиимæ æмæ, уый хынцгæйæ, кæй аргъ кодта Герценæн. Гæдиаты Цомахъимæ уыцы иу рæстæг райдыдта йæ литературон архайд драматург Брытъиаты Блбыздыхъо (амард 1923 азы). Йæ къорд уацмысы уый раст равдыста ирон адæмы царды иуæй-иу фарстатæ, фæлæ йæм социологион фарстаты уыд идеологион зондахаст. Империализмы рæстæг хæххон адæмы æхсæн феодалон ахастдзинæдты æдде рæзыдысты капиталистон ахастдзинæд- тæ дæр. Брытъиайы-фырт та растыл нымадта ирон историк Хъодзайы-фырты антиисторион цæстæнгас, ома, дам, XIX æну- сы æмæ XX æнусы райдайæны Ирыстоны капитализмæн йæ кой дæр нæ уыд, Ирыстоны дæр æмæ, дам, иннæ хæххон адæммæ дæр нæй кълæстæ æмæ кълассон ныхмæлæуддзинæдтæ. Афтæ фыста Елбыздыхъо йе статья «Ирон литературæйы тыххæй», зæгъгæ, уым. Ирыстоны нæй феодалтæ дæр æмæ сын хъалон чи фиды, ахæмтæ дæр, - фыста уый. Æцæгдзинадæй Елбыздыхъойы уыцы зондахаст арæзт уыд, адæм иууылдæр æмхуызон сты, уарина- гæй сын ницы ис, ницы сæ хицæн кæны кæрæдзийæ, зæгъгæ, фæллойгæнджыты ууыл баууæндын кæнынмæ. Ахæм буржуа- зон-националистон зондахастыл æнцойгæнгæйæ, Елбыздыхъо йе статья «Хæххон адæм иу наци сты»-йы фыста: - «Философон æгъдауæй хъæуы хæххон æмæ æнæ хæххон адæмты цæдисæн бындур ссарын...» Хæххон бирæ алыхуызон адæмтæй иу наци саразынмæ йæ сидт уыд хъæздгуыты, дингæнджыты пайдайæн. Уыцы рæдыд хъуыды Елбыздыхъойы æркодта, революцийы размæ Ирыстоны фысджытæ æмæ литературæ æппындæр нæ уыд, зæгъгæ, ахæм хъуыдымæ. йæхæдæг æрæвæрдта фарста: 355
«Уæдæ нæм фысджытæ цæуылнæ ис?». Æмæ йын йæхæдæг дзуапп радта: алы фыссæг дæр хъуамæ искæцы къласы идеолог уа, фæлæ Ирыстоны æхсæнад та кълæстыл дихгонд нæу, æмæ дзы уымæ гæсгæ нæй фысджытæ дæр æмæ литературæ дæр. Уый у нигилизм. Хорз зындгонд у, революцийы размæйы Ирыстоны æнтыстджынæй кæй рæзыд йæ мидисмæ гæсгæ революцион демократон литературæ. Уым æппæты фыццаг бынат ахста йæ бындурæвæрæг, ирон адæмы номдзыд хъæбул Хетæгка- ты Къоста, стæй зындгонд фысджытæ Коцойты А., Хъаныхъуаты И., Цæголты Г., Гæдиаты С, Гæдиаты Ц. æмæ æндæртæ. Гъе, ирон интеллигенцийы уыцы раззагдæр минæвæрттæ цымыдисæй сæ цæст дардтой æмæ ахуыр кодтой æхсæнадон, социологион фарстатæ æмæ, æфхæрд адæмы бындурондæр интерестæ зæрдыл даргæйæ, архайдтой уыдоны революцион змæлдмæ хæдхæцæг паддзах æмæ капитализм аппарыныл тохмæ æрбахæстæг кæныныл. ■^<©8€>— 356
Бесолты Андрей НÆ РЕСПУБЛИКÆЙЫ СТОЛИЦÆ СУЫДЗÆН ГОРÆТ-ПАРК Нæ райгуырæн бæстæйы иу кæронæй иннæ кæронмæ акæс, уæд дзы, æвæццæгæн, ахæм къуым нæ разындзæн, цæрæн хæдзæртты стыр арæзтад кæм нæ цæуы. Парти æмæ хицауад алцыппæтдæр кæнынц, фæллойгæнджытæй рæхджы фатерхъуаг куыд ничиуал уа, уый тыххæй. Уыцы фæрнæйдзаг хъуыдцагыл иннæ рæтты куыд у, афтæ бирæ фæрæзтæ хардзгонд цæуы Цæгат Ирыстоны, уыимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йе столицæ Орджоникидзейы дæр. Горæт цалдæр азмæ йæ хуыз аивта. Фæзынди дзы бирæ ног стыр æмæ рæсугъд агъуыстытæ, æнæхъæн сыхтæ. Фæллойгæнджытæн азæй-азмæ хуыздæр кæнынц сæ цæрæн фадæттæ. Иукъорд рæстæг рацæуы - æмæ та фондзыссæдзгай бинонтæ балидзынц ног фатертæм. Æмæ афтæ цæуы иудадзыг... Цæрæн бынæтты арæзтад ноджы фæтагъддæр уыдзæн, Орджоникидзейы хæдзæрттæгæнæн комбинат куы .сцæттæ уа, уæд. У ымæй дарддæр, ацы хъуыддагыл хорзырдæм æнæфæзынгæ нæ фæуыдзæн, мах дæр ног прогрессивон бынæттон арæзтадон æрмæгæй æмæ ног конструкцитæй пайда кæнын куы райдайæм, уæд. Ууыл та ныртæккæ цæуы стыр куыст. Уыцы æппæт мадзæлттæ иууылдæр арæзт сты уымæ, цæмæй иудадзыг райдзастдæр æмæ амондджындæр кæна советон адæмы цард, хуыздæр æххæстгонд цæуой сæ домæнтæ. Агъуыстытæ æмæ сыхты арæзтад Цы хуызæн уыдзæн нæ горæт фондз-æхсæз азы фæстæ? Цы ивддзинæдтæ дзы æрцæудзæн, куыд аивдзæн йæ хуыз, кæм дзы цы араздзысты? Уый, æвæццæгæн, базонын фæнды алкæй дæр. Горæты цæрæн хæдзæртты æмæ культурæйы кусæндæтты арæзтады генералон пъланы проект куыд амоны, афтæмæй 357
хæстæгдæр цалдæр азы дæргъы арæзтад цæудзæн хицæн районты мидæг. Цæвиттон, халдзысты, чи базæронд æмæ цæрынæн чи нал бæззы, уыцы хæдзæртты æмæ сын сæ бынæтты араздзысты ног стыр агъуыстытæ. Уымæй дардцæр, горæты мидæг уæгъд быдыртæ, афтид бынæттæ кæм ис, уым фæзындзæн стыр уæладзыгджын хæдзæртты æнæхъæн сыхтæ. Зæронд, халинаг агъуыстыты бæсты хæстæгдæр фондз- æхсæз азмæ цы хæдзæрттæ сæвзæрдзæн, уыдоны цæрæн фæзуат хъуамæ уа 150 мин квадрат метры. Уæгъд быдыртæ æмæ афтид бынæтты цы ног агъуыстытæ арæзт цæудзæн, уыдоны цæрæн фæзуат та уыдзæн 360 мин квадрат метры. Генералон пъланмæ гæсгæ стыр арæзтад цæудзæн горæты астæу æмæ Терчы фале. Æппæты разæй бавналдзысты, Кировы уынгыл вагзалæй суанг Маркусы уынгмæ, стæй Фæскомцæдисон парчы онг цы ахаста, уыцы кварталтæм. Уым реконструкцигонд æрцæудзæн æдæппæт 90 мин квадрат метры цæрæн фæзуат. Терчы фале реконструкци кæндзысты, доны былтæй Новобазарнаяйы уынджы, стæй Æрыдоны æмæ Хъызлары уынгты æхсæн. Æдæппæт дзы арæзт æрцæудзæн 60 мин квадрат метры ног цæрæн хæдзæрттæ. Уæлдæр скодтам уæгъд быдырты æмæ афтид бынæтты кой. Уыдон сты горæты цæгат, ныгуылæн, цæгат-ныгуылæн æмæ скæсæн фæрсты. Цæгатырдыгæй йæ кæронмæ фæхæццæ кæны цæрæн хæдзæртты стыр арæзтад. Чапаевы, Пожарскийы æмæ Ирыстойнаг уынгты, стæй æфсæнвæндаджы æхсæн цы зылд ис, уым ма ноджы тагъд æрцæрынæввонг цæттæгонд цæудзæн 50 мин квадрат метры фатертæ. Стыр арæзтад рапарахат уыдзæн горæты хурныгуылæн фарс, Ростовæй Тбилисимæ фæндагæй кæройнаг сыхы æхсæн, стæй Джызæлмæ фæндагæй завод ОЗАТЭ-йы æхсæн цы афтид быдыртæ ис, уым. Проектмæ гæсгæ, уыцы ран хъуамæ арæзт æрцæуа ног, рæсугъд бирæуæладзыгон агъуыстытæ, æдæппæт 150 мин квадрат метры. 100 мин квадрат метры цæрæн фæзуат та райсдзысты адæм чысыл дæлдæр, цъындагæнæн фабрикæйæ цæгаты ’рдæмдæр фарс цы уæгъд бынæттæ ис, уымыты. Бирæ 358
агьуыстытæ хъуамæ арæзт æрцæуа горæты хурыскæсæн фарс дæр, Карцамæ фæндагæй Фæскомцæдисон парчы æхсæн. Проектмæ гæсгæ, фондз-æхсæз азы дæргъы цæрæн хæдзæрт- тæ аразыныл хардзгонд æрцæудзæн 66,3 милуан сомы. Бирæ у уый æви чысыл? Уый бамбарыны тыххæй æрхæссæн ис æн- дæр нымæц. Уыцы æхцайæ арæзт агъуыстыты æрцæрын кæнæн уыдзæн 56 мин адæймагæн. Горæты ахæм стыр арæзтад куы цæуа, уæд уæлдай аив дæр кæны йæ уынд, йæ бакаст. Цæвиттон, ныртæккæ кæй уынæм, уыцы горæт реконструкци скæныны фæстæ, стæй кæрæтты æмæ афтид бынæтты æнæхъæн ног сыхтæ саразгæйæ, нæ горæтæн базонæн дæр нал уыдзæн. Иугай уæладзыг хæдзæртгы нымæц фæуыдзæн æмбисмæ æввахс къадцæр. Уый хыгъд фылдæр кæндзысты дыууæ- æртæ уæладзыг, ноджы тынгдæр та цыппар-фондз уæладзыг агъуыстытæ. Зæгъæм, кæд махмæ ныртæккæ цыппар-фондз уæладзыг агъуыстыты нымæц æдæппæт 9 проценты йеддæмæ нæу, уæд реконструкцийы фæстæ та суыдзæн 41 проненты. Цыбырдзырдæй, нæ горæт фæуыдзæн егъаудæр, рæсугъддæр, цæсты ахадцзæн тынгдæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Терчы фале уыдзæн, стыр арæзтад кæм цæудзæн, дыууæ ахæм районы: хуссар-хурныгуылæн æмæ цæгат-хурныгуылæн. Уæлдай тагъддæр хъуамæ рæза горæты хурныгуылæн фарс. Цæрæн хæдзæртты дыууæ районæй иу уыдзæн техникон дурты заводы цур, иннæ та ОЗАТЭ-йæ ныгуылæнырдæмдæр. Зæронд, цæрынæн чи нал бæззы, уыцы агъуыстытæ халгæйæ æмæ сын сæ бæсты ногтæ æвæргæйæ, хъуыдыгонд цæуы, уынджы æдде бакаст фыдынд куыннæ кæна, фæлæ архитектурон æгъдауæй рæсугъдцæр куыд кæна, уый. Зæгъæм, реконструкцигонд чи цæудзæн, уыцы районтæй иуæй - Терчы галиу фарс Хетæгкаты Къостайы цыртмæ хæстæг æвæрд сыхтæй. Уыцы район у горæты астæумæ хæстæг. Ис дзы дзæвгар стыр агъуыстытæ — кинотеатр, хæххон-металлургион техникум, æмдзæрæн, скъола, музыкалон-драмон ног театр, цыппаруæладзыгон цæрæн хæдзар æмæ æнд. 359
Дардцæр дзы цыдæридцæр арæзт цæудзæн, уыдон хъуамæ ацы ран афтæ сбадой, æмæ иннæ агъуыстытимæ куыд фидауой. Уыдзæнис ын йæхи центр - донмæ æмæ горæты паркмæ æввахс. Æндæр ранмæ ивд æрцæудзысты асфальтгæнæн завод æмæ иннæ лыстæг куыстуæттæ. Ам ахсджиагдæр у Ной Буачидзейы уынг, стæй йæ фæйнæ фæрсты цы уынгтæ ис, уыдон. Ной Буачидзейы уынджы дæргъ у 7 километры, йæ уæрх та - 40-50 метры. Ардыгæй райдайы Арвыкомы фæндаг. Ууылты цæуы æмæ ноджы фылдæрæй-фылдæр цæудзæн туристтæ. Йæ дарддæры арæзтадæн ис биноныг конд проект, æмæ цалдæр азмæ уый суыдзæн горæты рæсугъддæр уынгтæй иу. Ацы район арæзт куы фæуа, уæд уыдзæн тынг дзæбæх. Æппæты фыццаг арæзт чи цæудзæн, уыцы иннæ район у горæты хуссар-хурыскæсæн фарс, Кировы, Маркусы уынгтæй Фæскомцæдисон парчы æхсæн цы зылд ис, уый. Бутырины, Шмулевичы, Ватутины, Куйбышевы, Горькийы æмæ Дзанайы- фырты уынгты ныронг дæр цыди арæзтад. Фæлæ цæсты ницы сахадыдта. Нырæй фæстæмæ ам уæрæхдæр кæндзысты уынгтæ, хицæн уынгтæ хъуамæ æхгæд дæр æрцæуой. Зæронд хæдзæртты бæсты арæзт цæудзæн ногтæ, хорз дзы чи у, уыдоныл та æфтаудзысты ног уæладзгуытæ. Ацы районы ахсджиагдæрыл нымад цæуынц Горькийы æмæ Куйбышевы уынгтæ. Уыдон сты горæты сæйрагдæр цæх- гæруынгтæй, хуссар-хурныгуылæн район бæттынц горæты астæуимæ. Арæзт дзы æрцæудзæн бирæ ног хæдзæрттæ, ныллæг агъуыстытыл бафтаудзысты дыккаг уæладзгуытæ. Ватутины æмæ Сомихы уынгтæй цæгат-хурныгуылæны ’рдыгæй фæзын- дзæн 4 æмæ 5-уæладзыгон агъуыстытæ. Ныртæккæ ацы районы арæзт цæуы ног стыр стадион. Йæ фыццаг хай уал сцæттæ. Ацы арæзтадтæ фæрæсугъддæр кæндзысты горæт, адæм уæлæмхасæн райсдзысты 30 мин квадрат метры цæрæн фæзуат. Дыууæ ныхасы Сталины проспекты æмæ, йæ фæйнæварс цы уынгтæ ис, уыдоны тыххæй. Нæ проспект рæсугъд у, йæ хæдзæртты конд дæр æнаив нæу Хицæн агъуыстытæ архитектурон æгъдауæй афтæ дзæбæх сты, æмæ куыд зонæм, афтæмæй сыл æндæр горæтаг туристтæ сæ цæст æрæвæрынц. 360
Æцæг ма дзы иу хъуыдцаг ис: æгæр ныллæг сты хæдзæрттæ, искуы-иуæй фæстæмæ дзы æртæ, цыппар æмæ фондз уæладзыджы нæ фендзынæ. Горæт, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ у ыциу æмху ызон рæза. Кæрæттæ хæрдмæ куы цæуой, астæу та дыууæуæладзыгонæй куы баззайа, уæд уый нæдæр раст уыдзæн, нæдæр аив. Проект аразджытæ æнæмæнг хъуыды кодтой ууыл, фæлæ... О, ам ис иу стыргомау «фæлæ». Цæвиттон, нæ горæты астæу агъуыстытæ кæрæдзимæ афтæ æнгом æвæрд сты, æмæ, æвæццæгæн, æндæр ахæм хæдзарарæхджын центртæ æгас бæстæйы дæр бирæ нæ разындзæн. Уыцы хъуыддаг тынг зын кæны йæ рацаразыны куыст. Уымæ гæсгæ Гостийы-фырты, Маркусы, Кировы уынгтæй Терчы æхсæн уынгтæм ацы авдазоны дæргъы тынг æвнæлд нæ цæудзæн. Ам уал кæндзысты фидæны стыр реконструкцимæ бацæттæ кæныны куыстытæ. Куыд æмбарын хъæуы уый? Æппæты фыццагдæр хæлд цæудзысты, чи нал бæззы, уынг фыдынд чи кæны, уыцы агъуыстытæ. Сæ бæсты æхсæнмæ- ’хсæнты фæзындзæн, адæймаджы цæст чи рæвдаудзæн, ахæм бынæттæ - дидинæгдонтæ, сквертæ, газонтæ æмæ дзæвгар фæрæсугъддæр уыдзæн горæты астæу. Цалынмæ проспект æмæ сыхаг уынгты реконструкцийæн биноныг, бæстон проект конд æрцæуа, уæдмæ дзы аразæн ницы ис. Мах ницы ма загътам горæты цæгат фарсы тыххæй. Куыд зонæм, афтæмæй уым ныртæккæ цæуы стыр арæзтад. Фондзыссæдзгай кусджыты æмæ службæгæнджыты бинонтæ уал уым райстой ног фатертæ. Горæты уыцы фарс йæ хуыз афтæ аивта, æмæ йын базонæн дæр нал ис. Китайы фæз, Тельмæны, Минины, Пожарскийы уынгтæ, ног хид Терчы сæрты...- æмæ се’ппæт чи фæуыдзæн нымад! Алы ран дæр цыппар-фондз уæладзыгон галуантæ, асфальтгонд уынгтæ, рæсугъд арæзт тротуартæ, ногсагъд бæлæстæ... Кæмдæриддæр - зæрдæйæн æхсызгон нывтæ! Фæлæ ацы район уæддæр нырма йæ хуыз æххæстæй нæма скалдта. Йæ астæу уыдзæн металлургты культурæйы галу- ан. Уый нырма æрдæг конд у, фæлæ куы сцæттæ уа, уæд тынг 361
саив кæндзæн горæты ацы къуым. Галуаны алыварс цы дыргъ- дзæхæрадон ис, уымæй арæзт æрцæудзæн стыр æмæ рæсугъд парк. Ныртæккæ уырдæм хæстæг сты фосцæттæгæнæн пункт, дзидзайы комбинат æмæ æндæр лыстæг куыстуæттæ. Уыдон ам нал фидауынц æмæ сæ рæхджы аивдзысты æндæр ранмæ. Уыцы бынæттæ та ног хуызы рацараздзысты. Ацы районы ног фатертæ арæзт æрцæудзæн 50000 квадрат метры. Культурæйы æмæ цардыуаджы кусæндæтты арæзтад Ног арæзтады районты, стæй реконструкцигонд чи цæудзæн, уым дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, кæндзысты скъолатæ, клубтæ, кинотеатртæ, сывæллæтты цæхæрадæттæ æмæ рæвдауæндæттæ, рынчындæттæ, дукаиитæ, библиотекæтæ æмæ æнд. Проектыл чи куыста, уыдон æппæты фыццагдæр мæт кодтой адæмыл - сæ фадæттæ хуыздæр куыд уой, сæ фезмæлд æнцондæр куыд уа. Уымæ гæсгæ хъуыдыгонд у, уыцы кусæндæттæй кæцы кæм хъуамæ уа, уый дæр. Адæймаджы дуканимæ дард ранмæ цæуын нæ хъæудзæн. Цæвиттон, цæрæн хæдзæрттæ ацы авдазоны тынг бирæ арæзт кæй цæуы, уымæ гæсгæ культурон цардыуаджы агъуыстытæ æмæ кусæндæтты арæзтадыл хъæудзæн чысыл фæгæдзæ кæнын. Ома йе ’ппæтыл нæ, фæлæ йæ иу хайыл. Иннæ хайыл кусдзысты уый фæстæ. Æдæппæт, нысангонд куыд цæуы проектмæ гæсгæ, афтæмæй, зæгъæм, горæты астæу реконструкцигæнинаг районы скъолатæ арæзт æрцæудзæн 1230 ахуыргæнинаджы фаг, рæвдауæндæттæ - 600 сабийы фаг, Терчы фале зæронд сыхты - скъолатæ 780 ахуыргæнинаджы фаг, рæвдауæндæттæ - 380 сабийы фаг, ног кæй араздзысты, уыцы кварталты та - скъола-тæ 4400 ахуыргæнинаджы фаг, рæвдауæндæттæ æмæ цæхæрадæттæ - 2100 сабийы фаг. Афтæ иннæ рæтты дæр. Транспорт æмæ стыр уынгты арæзтад Горæт йæ кæддæры арæнтæй раджы ахызт, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй дарддæр кæндзæн ноджы стырдæр, æфтдзæн 362
ыл уæрхмæ дæр æмæ дæргъмæ дæр. Уæдæ йæ адæмы нымæц дæр иу ран кæм лæудзæн: ныртæккæ дæр дзы цал æмæ цал ног куыстуаты арæзт цæуы! Уыдонæн, адæмæн, хъæуы аккаг фадæггæ скæнын цæрынæн. Цæвиттон, рагацау ахъуыдыйаг сты транспорт æмæ æндæр ахæм ахсджиаг хъуыдцæгтæ. Нысангонд куыд цæуы, афтæмæй хъуамæ арæзт æмæ фæлгонцгонд æрцæуа, транспорт кæуылты цæудзæн, ахæм ног стыр уынгтæ; бафтдзæн трамвайты фæндæгтыл, ног районтæм цæуын райдайдзæн автобустæ. Уый размæ та хъæудзæн бирæ куыстытæ бакæнын: хидтæ, донуадзæнтæ, æфсæнвæндаджы сæрты бауайæнтæ саразын. Ныртæккæ чи ис, уыцы транспорты куыст фæхуыздæр кæныны тыххæй дæр арæзт æрцæудзæн мадзæлттæ. Цы æрцæудзæн конд ногæй? Пожарскийы уынг æфсæнвæндагимæ кæм баиу вæййы, уым скæндзысты уæлæты бахизæн æмæ уый фæрцы феуæгъддæр уыдзæни уынг, машинæтæ æмæ фистæг адæм цæудзысты æнæкъуылымпыйæ. Иннæ ахæм, горæты иувæрсты, хурыскæсæнырдыгæй, конд æрцæудзæн уæрæх фæндаг æмæ иу стыр хид Терчы сæрты. Фæндаджы дæргъ уыдзæн æхсæз километры æмæ æрдæг, йæ аргъ слæудзæн 600 мин сомæй фылдæр. Уый дæр тынг фæахъаз уыдзæн Орджоникидзейы астæу уæзласæн машинæты цыд фæкъаддæр кæнынæн, уымæн æмæ ныртæккæ Грознайырдæм, стæй уырдыгæй Арвыкомырдæм машинæтæ иууылдæр цæуынц горæты астæуты. Авдазоны дæргъы нывыл арæзт æмæ асфальтгонд æрцæудзæн тынг бирæ у ынгтæ. Уыдонимæ фыццаджыдæр сты Леваневскийы уынг, Широкая, Гастеллойы, Госпитальныйы, Орджоникидзейы, Зоя Космодемьянскаяйы, Æрыдоны, Гвардийы, Зортты-фырты, Яшины, Коцойы-фырты æмæ æндæр уынгты. Иумæ райсгæйæ, сæ дæргъ уыдзæн 30 километрæй фылдæр. Уымæй дарддæр къорд раны конд æрцæудзæн горæтæй ахизæн фæндæгтæ. Трамвайты ног фæндæгтæ фæзындзæн Леваневскийы, Ши- рокийы, Пожарскийы уынгты, Марковы уынджы тигъæй завод Стеклотарæйы онг, Дзержинскийы уынджы (Ной Буачидзейы 363
уынгæй Гастеллойы уынджы онг); дыккаг фæндæгтæ æвæрд æр- цæудзæн Ватутины æмæ Хетæгкаты Къостайы уынгты. Уымæй дарддæр, Гастеллойы уынджы арæзт æрцæудзæн трамвайты ног лæууæндон, стæй 800 машинæйы фаг гараж Чермены хъæумæ фæндагыл. Дзæвгар бафтдзæн автобустыл дæр. Уыдон цæудзысты, трамвайтæ кæм нæй, уыцы уынгтыл. Æдæппæт фондз-æхсæз азмæ автобусты ног фæндæгты дæргъ фæуыдзæн дыууæ хатты фылдæр. Трамвайтæ ласдзысты адæмæн сæ 75 проценты, автобустæ — сæ 25 проценты. Донуадзæн фæрæзты арæзтад Адæм цæмæй доныл ма тыхсой, ууыл нæ горæты чысыл куыст не ’рцыди. Реданты суадæтты сыгълæг дон сæх-сæх кæны фатерты къранттæй. Фæлæ нæм уæддæр дон нæма фаг кæны. Суткæйы дæргъы горæт хъуамæ хардз кæна 82 мин кубометры, махмæ та нырма ис æрмæстдæр 40 мин кубометры. Горæты адæм æппындæр донхъуаг цæмæй мауал æййафой, уый тыххæй нысангонд цæуы хæхты рæбын авд раны бырау ныззилын. Уыдон хъуамæ суадоныдон дæттой суткæ къорд мин кубометры. Хæрз æрæджы уыцы дыууæ быраузылд цъассæй дон уагъд æрцыди Терчы фале Тургеневы номыл уынгмæ, æмæ ныр уырдæм хæстæг уынгты чи цæры, уыцы адæмæй донхьуаг ничиуал æййафы. Горæт тагъд кæй рæздзæн, уый хъуыды кæнгæйæ, суадоны ног гуырæнтæй ставд трубатæ уагъд æрцæудзæн авд километры æмæ æрдæг. Трубатæ ауадздзысты горæты цæгатварсмæ, Теркæнфалемæ, промышленнон районмæ. Реконструкцигонд чи цæудзæн, уыцы районты алы ран дæр зæронд, ихсыд трубатæ ивдзысты нæуджытæй. Æдæппæт раивдзысты 8 километры трубатæ. Ног уынгты цы донуадзæн къабузтæ ацæудзæн, уыдон та у ыдзысты 20 километры дæргъæн. Стыр куыстытæ конд æрцæудзæн канализаци фæхуыздæр кæныныл, уæлдайдæр - Теркæнфале. 364
Нæ горæт суыдзæн парчы хуызæн Фыццаг бакастæй нæ горæт цыма бæласарæхджын у, афтæ зыны. Астæуæй зæгъай, кæрæттæм æввахс зæгъай, - алы рæтты дæр дзы ис парктæ æмæ сквертæ. Фæлæ куыд æнхъæл стæм, æцæгдзинадæй афтæ хъæздыг нæу нæ горæт бæласæй. Фæзуатмæ гæсгæ нымайгæйæ, хъуамæ алы адæймаджы хыгъдмæ дæр махмæ бæлæстæ сагъд уаид 12 квадратон метры бæрц. Æцæгдзинадæй та нæм ис æрмæстдæр 4 квадрат метры. Уый у тынг чысыл, æмæ уымæ гæсгæ ацы фондз-æхсæз азы дæргъы æппæтдæр конд æрцæудзæн уыцы стыр хъуагдзинад аиуварс кæныны тыххæй. Цæвиттон, бæлæстæ, къудзитæ æмæ дидинджытæ канд рæсугъддзинадæн нæ хъæуынц, уыдонæн сæ иннæ ахъаззаг нысан та уæлдæф сыгъдæг кæнын у. Махмæ адæймагæй стырдæр хæзна нæй æмæ нæм уый хорздзинадæн арæзт хъуамæ уа алцыдæр. Уыцы хъуыддаджы хъуамæ æхсæнадон организацитæн хорз æххуыс бакæной горæты цæрджытæ сæхæдæг дæр. Уыдонæй алчидæр иу бæлас куы ныссадза æмæ йæ куы бахъахъхъæна, уæд уый дæр уыдзæн тынг стыр æххуыс. Нысангонд куыд цæуы, афтæмæй ацы авдазоны дæргъы паркты, бульварты, скверты æмæ æндæр ахæм рæтты бæлæсты иумæйаг фæз суыдзæн 171 гектары, кæнæ алы адæймаджы хыгъдмæ дæр 9 квадрат метры. Уæлдæф сыгъдæг кæнынæн стыр ахъаз сты, промышленнон куыстуæттæй горæты æхсæн цы хъæды тæлмытæ ис, уыдон. Уæлдай фылдæр сæг хæссы «Электроцинк». Уымæ гæсгæ нысангонд цæуы заводæн йæ хуссарварс бæлæсты нымæц фæфылдæр кæнын, уым æнæхъæн хъæды тæлм куыд сæвзæра, афтæ. Уый хорз æххуыс фæуыдзæн куыстуатмæ хæстæг æвæрд уынгты уæлдæф фæсыгъдæгдæр кæнынæн. Горæты хуссар-хурыскæсæйнаг фарсы фидауц суыдзæн ног стыр стадион йæ алывæрсты рæсугъд бынæттимæ, стæй Фæскомцæдисы парк. Уыдонмæ ноджы базилдзысты, саивтæ сæ кæндзысты, ныссадздзысты ма дзы бæлæстæ, æмæ уæд суыдзæн горæты фæллойгæнджыты фæлладуадзæн бынæттæй иу. 365
Орджоникидзейы горæт ис тынг рæсугъд ран. Ардыгæй райдайы Арвыкомы фæндаг, зæгъæн ис, Уæлладжыргомы фæндаг дæр. Хуссарварс бæрзонд фæцыдысты æнусон митсæр айнæг хæхтæ, куыдцæлæмæ рахызтысты цъæхнæуу сæрвæттæм, тархъæдтæм æмæ къуылдымтæм. Уыцы къуылдымтæ, зæгъæн куыд нæй, афтæ хорз сты хъæдæмхæццæ парктæ скæнынæн. Æнтæф бон-иу адæм агуылф кæндзысты æрдзы хъæбысмæ сæ фæллад сатæджы сæ зæрдæйыдзæбæхæн суадзынмæ, сыгъдæг уæлдæфы баулæфынмæ. Нысангонд куыд цæуы, афтæмæй уыцы къуылдымтæ æмæ уæгъд бынæтты сагъд æрцæудзæн бæлæсты хуыздæр, рæсугъддæр мыггæгтæ. Бæлæстæ сагъд цæудзысты бæлвырд хъуыдыгонд пъланмæ гæсгæ, дардæй скæсгæйæ, къуылдымты ног хуыз цæст куыд рæвдауа, афтæ. Иу ран хъуамæ сæвзæра нæзыхъæды алы мыггаг, иннæ ран тæрс, сусхъæд, бæрз, кæрз, сывылдз æмæ æндæр ахæм бæлæстæ. Ранæй-рæтты та уыдон хъуамæ сагъд цæуой æмхæццæйæ. Уыимæ арæзт æрцæудзæн, дæлæмæ горæтмæ, быдыртæм ракæсæн кæцæй уа, ахæм рæсугъд бынæттæ, стæй уæрдонвæндæгтæ æмæ къахвæндæгтæ, ам йæ фæллад чи уадздзæн, канд уыдонæн нæ, фæлæ туристтæн дæр ауылты цæуыны фадат куыд уа, афтæ. Горæты æрдзон фæлгонцы стырдæр бынат лæвæрд цæуы Теркæн. Терку горагтæн йæ композицион сæмæн, йæ астæуыстæг. Уый хъуамæ суа тæккæ рæсугъддæр æмæ дзæбæхдæр бынат фæлладуадзынæн. Ныртæккæ дæр куыст цæуы доны былтæ саив кæныныл. Арæзт дзы æрцыди ног стыр хидтæ, бетонæй йын сæхгæдтой йæ фæйнæфæрстæ. Фæлæ уый æгъгъæд нæу. Дон арæх кæм уа, зайæгой дæр уым ис. Терчы былтыл хъуамæ иу ран дæр мауал уа уæгъд бынат, горæт цы ахаста, уым хъуамæ йæ фæйнæ фарс иууылдæр суой парктæ. Уый тынг срæсугъд кæндзæн Теркмæ рацæуæнтæ, стæй стыр æххуыс фæуыдзæн горæты астæу архитектурон æгъдауæй сфидауын кæнынæн. Ныртæккæ нæ парчы иумæйаг фæз у 12 гектары. Проектмæ гæсгæ уыцы нымæц схæццæ уыдзæн 100 гектары онг. Ног парк айтынг уыдзæн доны былты, трамвайты уæллаг хидæй суанг, 366
Пожарскийы уынджы кæрон Терчы сæрты цы хид ис, уый онг. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы куыстытæн иу февнæлдæй бакæнæн нæй. Уымæн рæстæг хъæуы. Фæлæ куыдфæстæмæ къухы бафтдзæн нæ горæтæй æцæг парк скæнын. Хæстæгдæр азты Терчы галиуварс, йæ фæзуат 25 гектары кæмæн уыдзæн, ахæм парк арæзт æрцæудзæн, Сырх гвардионты парк сфидаудзæн. Стæй доны рахиз фарсы сæвзæрдзæн ног парк Металлургты культурæйы галуаны алыварс, Хетæгкаты Къостайы номыл культурæйы æмæ фæлладуадзæн парк дæр фестырдæр æмæ фæаивдæр уыдзæн. Гъе ахæм у нæ республикæйы столицæ Орджоники- дзейы хæстæгдæр фидæн, - сыгъдæг, рæсугъд, стыр æмæ бæла- сарæхджын. -=<©$©>-- 367
В. Г. Таранин ИРОН АДÆМЫ ÆХСÆН АХУЫРАДЫ УАВÆР XVIII ÆНУСЫ ДЫККАГ ÆМБИСÆЙ 1917 АЗМÆ Октябры революцийы агъоммæ Цæгат Кавказы хæххон адæмтæ, стæмтæй фæстæмæ, уыдысты бынтон æнахуыргонд, бирæтæм дзы нæ уыд æгæрыстæмæй фыссынад дæр. Фæлæ уæдцæр ирон адæм бынтон ахæм уавæры нæ уыдысты: уыдонмæ революцийæ бирæ раздæр равзæрд фыссынад, уыдис сæм хъæздыг адæмон сфæлдыстад, стæй аив литературæ. Документтæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ ирон адæммæ сæхи æвзагыл фыссынад фæзынд XVIII æнусы æмбисы. Ирон æвзагмæ фыццаджыдæр тæлмацгонд æрцыдысты дины чингуытæ. Гуырдзиаг графикæйыл арæзт ирон чингуытæ къухфыстæй фæзындысты суанг 1753 азы. Ирыстоны дины къамис 1764 азы 27 сентябры Мæздæджы иронсывæллæттæнбайгомкодтадиныскъола.Уыцыскъолаарæзт уыд æрмæст уæздæтты æмæ хъæуыхицæутты сывæллæттæн. Скъола цæттæ кодта ирон адæмæн сæхицæн дины кусджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ ирон æвзагмæ тæлмацгæнджытæ. Уыцы рæстæджы паддзахы хицауад скъолаты раз цы хæс æвæрдта, уымæ гæсгæ Мæздæджы скъола каст цы ирон фæсивæд фæуыдаид, уыдон хъуамæ архайдтаиккой дины руаджы ирон адæмы Уæрæсейырдæм здахыныл. Мæздæджы скъола материалон æгъдауæй уыд уæззау уавæры, иу скъоладзауыл паддзахад мæй хардз кодта æрмæст 2-А сомы. Скъолайы ахуыргæнджытæ уыдысты дины кусджытæ, ахуыр дæр кодтой æрмæст дин, Хуыцаумæ кувын молитвæтæ, кастысты псалтырь, катехизис, дины чингуытæ (уырыссагау æмæ гуырдзиагау). Фæлæ уыцы ахуырæн дæр ницы бæлвырд методикæ уыд. Мæздæджы дины скъола æнæбары фæхъиу-хъиу кодта 28 азы дæргъы, стæй йæ 1792 азы бынтондæр сæхгæдтой. Мæздæджы скъолайы хуызæн скъолатæ Ирыстоны дины къамис гом кодта æндæр рæтты дæр. 1836 азы сентябры мæйы Дзæуджыхъæуы уыцы къамис байгом кодта ирон дины скъола 368
æд пансионат. Скъола цæттæ кодта хæххон адæмты уæлдæртæй дины кусджытæ. Къазнайы хардзæй йæм истой ахæм лæппутæ, æмæ сæ ныййарджытæ рагацау гæххæтт кæй тыххæй лæвæрдтой, ома сæ лæппутæ скъола каст куы фæуой, уæд кæндзысты дины куыст. Скъола цы аз байгом кодтой, уыцы аз дзы ахуыр кодта 34 ирон æмæ иу мæхъхъæлон лæппуйы. Скъолайы раз сæйраг хæсæн æвæрд уыд хæдхæцæг паддзахы хицауадыл иузæрдион кусджытæ цæттæ кæнын. Скъолайæн паддзахад æхца уагъта хæрз чысыл: афæдз иу ахуыргæнинагыл хардз кодтой 50 сомы. Нæ сын фаг кодта ахуыргæнæн чингуытæ дæр. Скъола йæхæдæг дæр уыди, ахуыр кæнынæн æппындæр чи нæ бæззыд, ахæм бæстыхайы. Скъоладзаутæ зын уавæрты кæй уыдысты, арæх уазал æмæ стонг кæй æййæфтой, рынчынтæ кæй кодтой, уый тыххæй-иу дзы бирæтæ сæ ахуыр ныууагътой. 1863 азы та уыцы скъола дæр сæхгæдтой. XVIII æнусы кæрон æмæ XIX æнусы райдианы ирон адæмы æхсæн ахуыры хъуыддагыл архайджыты фыццагтæй иу уыд Æгъуызаты Иуане (Иван Ялгузидзе). Иуане уыд йæ рæстæджы хорз ахуыргонд ирон лæг, хорз зыдта ирон, гуырдзиаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ, бирæ уацмыстæ ратæлмац кодта ирон æвзагмæ, фыста уацмыстæ йæхæдæг дæр (йæ уацмысты хуыздæр у поэмæ «Алгъузиани»). Æгъуызаты Иуане уыд ахуыргæнæг æмæ тынг бацархайдта ирон адæмы æхсæн ахуырдзинад парахат кæныныл. Уый хорз баххуыс кодта ирон фыссынад фидар кæныны æмæ чингуытæ мыхуыры уадзыны хъуыддаджы. 1802 азы Иуане сарæзта ирон алфавит гуырдзиаг графикæйы бындурыл; 1821 азы мыхуыры рацыд Иуанейы арæзт фыццаг ирон дамгъæуат (букварь) гуырдзиаг графикæйы бындурыл. Ирон æвзаг æмæ фыссынад наукон æгъдауæй фыццагдæр ахуыр кæнын райдыдта уырыссаг академик А. Шегрен. 1844 азы уый сарæзта, уый агъоммæ чи уыд, уыдонæй хуыздæр алфавит уырыссаг граждайнаг графикæйы бындурыл. Уыцы аз мыхуыры рацыд Шегренæн йæ чиныг «Ирон грамматикæ» дæр. Уыцы 24 369
чиныгæй скъолаты пайда кодтой ирон æвзаг ахуыр кæнгæйæ суанг XIX æнусы 90-æм азты онг. Ирон æвзагыл дамгъæуат аразыны, ирон æвзагмæ дины чингуытæ тæлмац кæныны æмæ скъолаты ирон æвзагыл ахуыр кæныны хъуыдцаг цæмæй рæвдз цæуа, ууыл куыстой бирæ ахуыргонд лæгтæ: Гр. Мжедлом, Колыты Аксо, Цорæты Уасил, Даниел Чонкадзе, Хъаныхъуаты А. æмæ æнд. Ирыстоны дины хъуыддæгты къамисы хуызæн хæххон адæмтыæхсæн«ахуырдзинад»парахаткæнынылархайдтахæстон уынаффæдон. 1836 азы 3 августы Кавказы корпусы полктæн æмæ батальонтæн бар радтой æфсæдцон скъолатæ байгом кæнынæн, Уыцы скъолатæ уыдысты æфсæддон къазарматæн сæхи мидæг, уымæн æмæ сын нæ уыд сæрмагонд бæстыхæйттæ, сæрмагондæй сын æхца дæр нæ уагътой æмæ сæ полктæ æмæ батальонтæ дардтой сæхи хардзæй, ахуыргæнджытæ дæр дзы уыдысты фылдæр унтер-афицертæ. Уыцы æфсæддон скъолаты сæйрагдæр хæс у ыд, цæмæй хæххон адæмты уæлдæртæ уырыссаг паддзахы хицауадыл иузæрдион у ыдаиккой æмæ хæххон адæмты фæсивæды Уæрæсейы æгъдæуттæм здæхтаиккой, ууыл архайын. Дзæуджыхъæуы цы æфсæддон скъола уыд, уымæй 1861 азы арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы окруджы хæххон скъола. Ахуыр дзы кодтой адæмон ахуырады министрады уездты æмæ райдиан скъолаты программæтæй. Окруджы скъолайы ахуыр кæнын хъуыд 4 азы, райдиан скъолайы та 3 азы. Окруджы скъолайы ахуыр кодтой ахæм предметтæ: чырыстон æмæ пысылмон дин, уырыссаг æвзаг, цыбыр географи, цыбыр истори, арифметикæ, сыгъдæг фыссын. Райдиан скъолаты дæр ахуыр кодтой уыцы предметтæ, фæлæ ноджы къаддæр æмæ уæлæнгайдæр. Дзæуджыхъæуы окруджы скъолайы уыд пансионат дæр, æмæ дзы паддзахады хардзæй цардысты æмæ ахуыр кодтой хæххон адæмты уæздæтты лæппутæ. 1865 азы Дзæуджыхъæуы окруджы скъолайæ арæзт æрцыд реалон прогимнази, 1874 азы та — реалон училищæ. Уыцы скъолатæй уæлдай ма хъæздгуыты цот ахуыр кодтой æндæр горæтты скъолаты дæр: Калачы, Стъараполы æмæ æндæрты, стæй алы горæтты сæрмагонд æфсæддон скъолаты 370
æмæ кадетон корпусты. Мæгуыр адæмы сывæллæттæн нæ уыд ахуыры фадат, æмæ фæллойгæнæг дзыллæты æхсæн хæрз стæм уыд ахуыргонд адæймаг. Æфсæддон скъолаты раз дæр æмæ дины скъолаты раз дæр æвæрд уыд æмхуызон хæс: хæххон адæмты фæсивæды чырыстон дин æмæ падцзахы хицауадмæ здахын æмæ разæнгард кæнын. Ома скъолайы разамонджытæ хæххон адæмты æхсæн ахуырдзинад парахат кæныныл нæ мæт кодтой, фæлæ æххæст кодтой хæдхæцæг паддзахады колониалон политикæ. Нудæсæм æнусы 60-æм азтæм Ирыстоны дины скъолатæ уыд 7 - Хъæдгæроны, Суададжы, Алагиры, Даргъ-Къохы, Чырыстонхъæуы, Къæмунты æмæ Бæтæхъойыхъæуы - æмæ уыдонæн се ’ппæты ахуыр кодта æдæппæт 107 адæймаджы, иу скъолайы дæр дзы нæ уыд 15 адæймагæй фылдæр. Иуæй-иу скъолаты уыд пансионтæ дины хъуыддæгты Ирон къамисы хардзæй кæнæ та скъоладзауты ныййарджытæн сæхи хардзæй. Скъолатæ дæр æмæ пансионтæ дæр уыдысты тынг тыхст уавæры, сывæллæттæн фылдæр хатт фаг нæ уыд айдагъ сау дзул дæр, арæх нæ уыдтой хъарм хæринаг, фылдæр цыдысты бæгъæввад æмæ æнæхсадæй, æмхиц сæм уыд низ. Скъолаты ахуыргæнджытай куыстой цанæбары ахуыргонд сауджынтæ, уыимæ скъолатæм сæ хъус нæ дардтой, фылдæр кодтой сæхи царды кой. Скъолатæ дæр æмæ дины хъуыдцæгты ирон къамис дæр не’ххæст кодтой, чырыстон дин хæххон адæмты æхсæн парахат кæныны тыххæй сын паддзахы хицауад сæ разы цы хæс æвæрдта, уый. Цæмæй хæххон адæмты æхсæн чырыстон дин парахат кæныны хъуыдцаг рæвдздæр ацыдаид, уый тыххæй хицауады саразын хъуыд тыхджындæр организаци. Æмæ 1860 азы, 9 июны, хаст æрцыд указ «Чырыстон дин Кавказы ныффидар æмæ парахат кæныны æхсæнад» саразыны тыххæй. «Æхсæнады» хæстæ уыдысты: аргъуантæ аразын, дины скъо- латæ аразын, чырыстон диныл кусджытæ хъæутæм æрвитын, хæххон адæмты æвзæгтæм чырыстон дины ахуыры чингуытæ тæлмац кæнын. Уыцы «Æхсæнад» скъолатæ гом кодта тынгдæр быдыры хъæуты, скъолатыл хæрдзтæн цы хъуыд, уыдонæн сæ 371
фылдæр хай адæмæн сæхиуыл æвæрд кæй уыд, уый тыххæй хæхбæсты мæгуыр цæрæг адæмæн сæ бон нæ уыд сæхимæ скъо- латæ байгом кæнын. Хъæуты гом конд цыд фылдæр иукъласон скъолатæ, дыууæкъласон скъолатæ та æрмæст иуæй-иу хъæуты. Иукъласон скъолаты ахуыр кæнын хъуыд дыууæ азы, дыууæкъ- ласон скъолаты та - цыппар азы. Уыцы скъолаты сæйрагдæр ахуыр кодтой диныл, кæсын, фыссын, арифметикæ, географи. Скъолаты ахуыргæнджытæ фылдæр уыдысты дины кусджытæ, сæхæдæг дæр чи ницы зыдта æмæ сывæллæтты ахуыры хъуыд- даджы дæр чи ницы æмбæрста, ахæмтæ, æмæ-иу уый аххосæй скъоладзаутæ хатгай афæдзы дæргъы нæ сахуыр сты æгæры- стæмæй кæсын дæр æмæ-иу экзаменты чиныгыл хæцыдысты, йæ сæр дæлæмæ, афтæмæй. 1861 азы уыцы дины «Æхсæнад» Дзæуджыхъæуы байгом кодта иу чысыл æртæкъласон скъола чызджытæн æд пансион (сылгоймæгты приют). Уыцы скъола ирон чызджытæй цæттæ кодта хъæуты скъолатæн ахуыргæнджытæ. Уыцы рæстæджы ирон адæмы æхсæн ахуыры хъуыддаг куыд æвзæр уыд æмæ Ирыстоны скъолатæ куыд гыццыл уыд, уый зыны мæнæ ахæм бæрæггæнæнтæй: 1871 азы аргъуанон- приходон скъолатæ Ирыстоны уыд æрмæст 15, æмæ дзы ахуыр кодта 470 адæймаджы. Уыцы аз Салыгæрдæны байгом кодтой ирон чызджытæн иу гыццыл скъола, æмæ дзы ахуыр кодтой 17 чызджы; иннæ скъолаты чызджытæ нæ уыд. 1874 азы скъолатæн сæхи нымæц (15) нæ фæфылдæр, фæлæ дзы ахуыр чи кодта, уыдоны нымæц схæццæ 605 онг, ахуыргæнджытæ та дзы уыд 29. Уыцы аз сылгоймæгты скъолаты ахуыр кодта 196 чызджы, ахуыргæнджытæй та дзы куыста 12 сылгоймаджы. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны уыд æрмæст 4 скъолайы æмæ дзы ахуыр кодта 104 скъоладзауы, ахуыргæнджытæ та дзы уыд 6. 1880 азы скъолаты нымæц Цæгат Ирыстоны схæццæ 20 онг, ахуыр та дзы кодта 674 скъоладзауы. Уыцы рæстæгмæ сылгоймæгты иукъласон скъолаты нымæц дæр схæццæ 7 онг: Алагиры, Салыгæрдæны, Æрыдоны, Даргъ-Къохы, Олгинскæйы æмæ Хуымæллæджы. Уыцы скъолаты ахуыр кодта 197 чызджы. 372
1895 азы Цæгат Ирыстоны уыд 21 аргъуаны-приходы скъо- лайы, æмæ дзы ахуыр кодта 986 адæймаджы, уыдонæй 379 - чызджытæ. Дзæуджыхъæуы сылгоймæгты приюты уыцы рæ- стæджы ахуыр кодта 59 чызджы. Кæд скъолаты нымæц чысыл фылдæр кодта, уæддæр фаг нæ уыдысты, стæй дзы ахуыры хъуыддаг æвæрд уыд бынтон æвзæр: нæ сын уыд æххуыс материалон æгъдауæй (æхца, бæстыхай, ахуыры дзауматæ, ахуыргæнæн чингуытæ), ахуыргæнджытæ сæхæдæг дæр нæ уыдысты фаг ахуыр æмæ нæ арæхстысты сывæллæтты ахуыр æмæ хъомыл кæныны куысты. Уый аххосæй- иу сывæллæттæ дыууæ азы дæргъы нæ сахуыр сты кæсын æмæ фыссын. Ахуыргæнджытæн сæ зæрдæ нæ ради сæ куыстмæ, уымæн æмæ сæхæдæг уыдысты зын уавæры, сæ мызд дæр уыди хæрз чысыл. Революцийы агъоммæ скъолаты ахуыргæнджыты уавæры тыххæй В. И. Ленин фыста: «Россия бедна, когда речь идет о жалованьи народным учителям. Им платят жалкие гроши. Народные учителя голодают и мерзнут в неотопленных и почти нежилых избах. Народные учителя живут вместе со скотом, который крестьяне зимой берут в избу Народных учителей травит любой урядник, любой деревенский черносотенец, или добровольный охранник и сыщик, не говоря уже о придирках и преследованиях со стороны начальства». Ноджы фыдцæр уавæрты уыдысты хæхбæсты скъолаты ахуыргæнджытæ, стæй сылгоймаг ахуыргæнджытæ. Ирон адæмы кæд зæрдиагæй фæндыд ахуыр кæнын, уæддæр сæм хæрз стæм уыд ахуыргонд лæгтæ. Афтæ, 1898 азы Доныфарсы приходы æппæт хъæуты æдæппæт уыд 6 ахуыргонд лæджы, Зилгæйы — 18, Захъайы приходы æппæт хъæуты - 2 адæймаджы. Æмæ ахуырæй дæр цас ахуыргонд уыдысты, фæлæ зыдтой кæсын æмæ фыссын. Уыимæ Терчы облæсты администраци хъуыддаг галиумæ æвдыста афтæ, цыма хæххон адæмæн сæхи нæ фæнды ахуыр кæнын. Æцæгæй та уыдон тынг бæллыдысты ахуырмæ, культурæмæ æмæ алчидæр архайдта, йæ фадат цас уыд, уыйас йæ фырты сахуыр кæнын, фæлæ Ирыстоны скъолатæ фаг нæ уыд. Искæцы хъæу-иу йæхæдæг куы сарæзта 373
скъолаты бæстыхæйттæ, уæддæр-иу сын скъолатæ бакæнынæн бар нæ лæвæрдта хицауад. Скъолатæ аразыны бæсты аразын хъæуы аргъуантæ - ахæм дзуапп радта 1903 азы Терчы облæсты хицау Чырыстонхъæуы цæрæг адæмæн, сæ хъæуы дыууæкъласон горæтаг училищæ саразын куы сфæнд кодтой, уæд. Фæлæ уæддæр адæм сæхи хардзæй хъæуты арæзтой скъолатæ. Уый нæ, фæлæ ма хицæн ахуыргонд лæгтæ дæр сæ хъæуы сывæллæттæн сæхи хардзæй гом кодтой скъолатæ. Афтæ, Санаты Дзантемыр æмæ Гацыл сæхи хардзæй бакодтой скъола Бруты, Тугъанты Батырбег та - Дур-Дуры. Ирон адæмы æхсæн ахуырдзинад парахат кæныны хъуыд- дагмæ йæ хъус зæрдиагæй дардта Хетæгкаты Къоста. 1901 азы ахуыргæнджыты съезды стыр ахадындзинады тыххæй дзур- гæйæ, Къоста фыста, съезд кæй æрныхас кодта ахæм ахсджи- аг фарстатыл: Ирыстоны скъолаты уырыссаг æвзаг ахуыр кæ- нынæн дзæбæх чиныг кæй нæй, уый тыххæй уырыссаг æвзаг ахуыр кæнæнт Я. Гогебашвилийы чиныг «Русское слово»-йæ; скъолаты ирон æвзаг ахуыры хъуыддаг цæмæй фæрæвдздæр уа, уый тыххæй саразын хъæуы ирон æвзаджы ахуыргæнæн чиныг; уым ма бауынаффæ кодтой, цæмæй арæзт æрцæуа, нæлгоймаг æмæ сылгоймаг ахуыргæнджытæ кæрæдзийæн æххуыс кæм кæ- ной, ахæм æхсæнад; стæй цæмæй Æрыдоны семинарийы арæзт æрцæуа ахуыргæнæн чингуыты скълад æмæ ахуыргæнджыты чиныгдон. Ацы хъуыддæгты тыххæй съезды уынаффæтæ Къо- ста банымадта хорзыл. Скъолатæн кæд сæ сæйраг нысан уыд дины кусджытæ æмæ паддзахы хицауады фарсхæцæг адæймæгтæ цæттæ кæнын, уæддæр сæ ахадындзинад æмтгæй уыд прогрессивон, хуыздæрырдæм фæзындзысты ирон адæмыл. Уыцы 74 скъолайы æххуыс кодтой ирон адæмы уырыссаг раззагдæр культурæмæ æрбахæстæг кæнынæн, адæмы æхсæн рухсад тауыны хъуыддагæн, æххуыс кодтой ирон демократон интеллигенци бацæттæ кæнынæн. Ахæм стыр аргъ кодта уыцы скъолатæн Къоста дæр. Уæлдай хуыздæр аргъ кодта Къоста Дзæуджыхъæуы сылгоймæгты скъолайæн, стыр пайдайыл нымадта, уыцы скъола чи фæци æмæ хъæуты ахуыргæнджытæй чи куыста, уыцы 374
сылгоймæгты куыст. Уыцы скъолайæн йæ уавæр дæр хуыздæр уыд, хуыздæр цæттæ уыдысты йæ ахуыргæнджытæ дæр; скъола адæмы цæсты дæр уыд хорзыл нымад æмæ йæм сæ чызджыты æнæзивæгæй лæвæрдтой. Ирыстоны скъолатæй йæ ахадындзинад æппæты стырдæр уыд Æрыдоны семинарийæн. Уый дæр кæд дины скъолатæй уыд, уæддæр дзы куыд фæстагмæ дин сæйраг нал уыд, æмæ йæ каст чи фæци, уыдонæй стæмты йеддæмæ дины куыстыл ничи ныллæууыд: дарддæр ахуыр кодтой хистæр скъолаты æмæ сысты дохгыртæ, юристтæ, ахуыргæнджытæ, аграномтæ, фысджытæ, публицисттæ. Семинаристтæй-иу бирæтæ семинарийы хицауады сусæгæй кастысты революцион-демократон æмæ марксистон чингуытæ. Семинари фæуæвгæйæ, бирæтæ сæхæдæг тох кодтой дины ныхмæ, революцион сыстадты-иу уыдысты тохгæнæг адæмимæ. 1905-1907 азты революцийы ирон адæм зæрдиагæй кæй архайдтой, уый афтæ тыхджын иæ уыдаид, уæдмæ культурон æгъдауæй афтæ куынæ сырæзтаиккой, æнахуыргонд ма куы у ыдаиккой æмæ сæхи, сæ уавæр æмбарынхъом ку ынæ уыдаиккой, уæд. Уыцы хъуыддаджы та сын баххуыс кодтой скъолатæ, - кæд сæ куыст рæвдз нæ уыд, уæдцæр. 1905 азы 10-16 августы Æрыдоны уыд Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты съезд. Съезд рахаста уынаффæ, цæмæй дины скъолатæ иууылдæр ивд æрцыдаиккой адæмон скъолатæй, разамынд та сын хъуамæ лæвæрдтаид ирон скъолаты совет (уым фылдæр уыдысты ахуыргæнджытæ æмæ æхсæнадон кусджытæ), скъолатæн дины разамынд та хъуамæ мауал уыдаид. Съезды сæйраг фарстатæ уыдысты: ахуыргæнджыты архайд революцион змæлды æмæ скъолаты ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг æмæ хъомыладон куыст рæвдз сæвæрын. Бæстон æркастысты скъолаты программæтæм, методикæйы фарстатæм. Тынг цыбыргонд æрцыд дины ахуыр, программæйæ бынтон систой аргъуанон-славяйнаг æвзаг, скъолайы æнæмæнг ахуыры предметыл нымад æрцыд ирон æвзаг. Зынгæ ивддзинæдтæ бахастой иннæ предметты программæтæм дæр. Съезд бауынаффæ кодта, цæмæй скъолатæм йæ цæст дара 375
æмæ сыл контроль кæна арæхстджын инспектор. Съезд рахаста уынаффæ ахуыргæнджыты уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй дæр: цæмæй сылгоймаг æмæ нæлгоймаг ахуыргæнæджы бартæ суой æмхуызон, цæмæй сæ мызд фæфылдæр уа, цæмæй сын 25 азы фæстæ цæуа пенси, цæмæй дины ахуырæй уæгъдгонд æрцæуой æмæ æнд. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы домæнтæ æххæстгонд не’рцыдысты. Скъолатæн сæ нымæц дæр нæ фылдæр кодта: 1908 азы Ирыстоны уыд иукъласон скъолатæ 11, дыууæкъласон скъолатæ - 7; 1909 азы: иукъласонтæ - 6, дыууæкъласонтæ - 10. Дзæуджыхъæуы ма уыд сылгоймæгты приют æмæ уыимæ цыппаркъласон училищæ, Æрыдоны та-дины семинар; ам ирон æвзаджы ахуыр æрцыд рæвдздæр æвæрд, цæмæй семинаристтæ дины чингуытæ иронау кæсын арæхсой, уый тыххæй. Аргъуаны-приходы скъолатæй уæлдай ма райдыдтой кусын Терчы облæсты адæмон училищæты дирекцийы скъолатæ. XIX æнусы 90 азты Ирыстоны ахæм скъолатæ уыд æрмæст дыууæ, Санаты хъæуы æмæ Ногхъæуы, афтæмæй уыцы рæстæджы дины скъолатæ та Ирыстоны уыд 15. Терчы облæсты адæмон училищæты дирекци фаг цæстæнгас нæ дардта йе скъолаты ахуыры хъуыддаг фæхуыздæр кæнынмæ, стæй фаг дæр нæ уыдысты йе скъолатæ. Ахуыргæнджытæ исты зонынц æви нæ, уымæ нæ кастысты, фæлæ кастысты, ахуыргæнæг паддзахы хицауадыл æнувыд у æви нæу, уымæ. Уыцы скъолаты тынг бирæ рæстæг лæвæрд цыд дин æмæ аргъуанон-славяйнаг æвзæгтæн. 1914 азы, декабры мæйы Ирыстоны алыхуызон скъолатæ æдæппæт уыд: аргъуаны-приходы дыууæкъласон скъолатæ -11, уыдоны ахуыр кодта 1616 лæппуйы æмæ 54 чызджы; аргъуаны приходы иукъласон скъолатæ - 39, ахуыр сæ кодта 1248 лæппуйы æмæ 1006 чызджы; министрады дыууæкъласон скъолатæ - 10, ахуыр сæ кодта 1074 лæппуйы, æмæ 132 чызджы; министрады иукъласон скъолатæ - 23, ахуыр сæ кодта 878 лæппуйы æмæ 320 чызджы. 1917 азы, Октябры революцийы агъоммæ, Ирыстоны æдæп- пæт уыд 131 скъолайы, уыдонæй 124 - райдиан скъолатæ, 7 та - 376
астæуккаг скъолатæ. Уыцы скъолаты æдæппæт ахуыр код- та 14576 скъоладзауы, уыдонæй 11194 - райдиан скъолаты, 3382 та - астæуккаг скъолаты. Æдæппæт скъолатæй 84 райди- ан æмæ 1 астæуккаг скъола уыдысты хъæуты (ахуыр сæ кодта 6556 адæймаджы), Дзæуджыхъæуы та уыд 46 скъолайы: 40 рай- диан скъолатæ, 1 прогимнази, 2 реалон училищæтæ, 2 сылгой- мæгты гимназтæ æмæ 1 нæлгоймæгты гимнази. Горæты скъола- ты ахуыр кодта 8020 адæймаджы, уыдонæй астæукаг скъолаты - 254, райдиан скъолаты — 4766 адæймаджы. Уымæй уæлдай ма Дзæуджыхъæуы уыди сæрмагонд скъолатæ: ахуыргæнджыты институт, æфсæддон (хъазахъхъаг) ахуыргæнджыты семинари, фæндæгты техникон училищæ, кадетон корпус, дины æмæ сыл- гоймæгты епархиалон училищæ. Æмтгæй райсгæйæ, Октябры революцийы агъоммæ Цæгат Ирыстоны адæмы æхсæн ахуырдзинад уыд æрмæст 10-12 проценты. Фæлæ хæдхæцæг паддзахы хицауад кæд тынг архайдта адæмты талынджы дарыныл, уæддæр уыдон тырныдтой рухсмæ, ахуырмæ. Ахуыргæнджыты раззагдæртæ æмæ скъоладзау фæсивæд скъолаты сусæгæй кастысты, хицауад сын кæсын кæй нæ уагъта, уыцы чингуытæ: Герцены, Чернышевскийы, Добролюбовы, Белинскийы уацмыстæ; ахуыргонд фæсивæды æхсæн парахат кодтой Маркс æмæ Ленины уацмыстæ. Афтæмæй хæххон адæмты ахуыргонд фæсивæды зæрдæты тыхджынæй-тыхджындæр кодтой цард аивыныл тохы хъуыдытæ, революцион тохы зондахаст. Скъолаты ахуыр кæнгæйæ æмæ революцион литературæ кæсгæйæ, хæххон адæмтæ базонгæ сты уырыссаг раззагдæр культурæимæ, афтæмæй тыхджын кодта се’хсæн хæлардзинад. Революцийы агъоммæ скъолаты сæйраг ахадындзинад уыди ирон национ кулыурæ рæзын æмæ интеллигенци хъомыл кæныны хъуыддаджы, - скъолатæ уыдысты уыцы ахсджиаг фæндаджы райдиан, æмæ ирон адæмæн уыцы рухсы фæндагыл размæ цæуыны хъуыддаджы кæддæриддæр æххуыс кодтой стыр уырыссаг адæм æмæ сæ раззагдæр ахуыргæндтæ. Уырыссаг æвзагæй Калоты Георгийы тæлмаг} 377
Блиты Марк ИРЫ МИНÆВÆРТТÆ БЕТЪЫРБУХЫ Алы заманты дæр адæмтæй алкæмæ дæр вæййы зындгонд, номдзыд лæгтæ. Уыдонæй сæрыстыр вæййынц дзыллæтæ, сæ нæмттæ сын кадимæ фæмысынц, сæ фæстæ чи равзæры, уыцы фæлтæртæ. Чысыл хъуыстгонд лæгтæ нæ уыдис ирон адæммæ дæр ивгъуыд заманы. Уыдонæй бирæты нæмттæ баззадысты Ирыстоны историйы, фæлæ дзы иуæй-иуты хабæрттæ бæлвырд иртæст æмæ бæрæггонд нæма сты. Рохуаты аззади, ирон адæмæй æстдæсæм æнусы фыццагдæр хатт Бетъырбухмæ цы минæвæрттæ ацыдис, уыдоны хъуыддаг дæр. Фыццагдæр уыцы фарстайыл кусын байдыдта зындгонд советон историк Кокиты Георги. Уымæн кæд йæ къухы бирæ æрмæг нæ бафтыд, уæдцæр хорз æмæ раст хъуыдытæ загъта минæвæртты стыр балцы тыххæй. Уырысы паддзахады хицæуттимæ ныхас кодтой Ирыстоны дзырдцзæугæдæр лæгтæ: Магкаты Зураб (Зураб Елиханов), Хъесаты Эба (Елисей Хетагов) æмæ Батырмырзæ Кутат (Георги Куртаулов). Уыдон Уырысы фесты дыууæ азы æмæ, сæ фадæттæ куыд амыдтой, афтæ æнæзæрдæхудтæй æххæст кодтой сæ хæс. Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн куыд фæзынд бастдзинад XVIII æнусы райдианы Уæрæсейы æддагон политикæйы стыр бынат бацахста Сау денджызы проблемæ. Уæрæсе уыцы заман йæ хъус тынг æрдардта Кавказмæ, уæлдайдæр та уымæн йæ бæстастæу районтæм. Уырысы хицауад лыстæг æркасти Цæгат Ирыстоны уавæрмæ, уымæн Цæгат Кавказы ахсджнаг хæстон-стратегион бынат кæй уыд, уымæ гæсгæ: Арвыкомы æмæ Уæлладжырыкомы фæндæгтæ æстдæсæм æнусы бастой Уæрæсейы Фæскавказимæ. Гъе, уымæ гæсгæ уырысы хицауад тынг архайдта Цæгат Ирыстоны йæхимæ æрбахæстæг кæныныл. 378
1742 азы уырыссаг паддзахы хицауад фæсарæйнаг хъуыд- дæгты коллегийæн бафæдзæхста Ирыстоны тыххæй хабæрттæ бæлвырд базонын. Уыцы куыст йæхимæ райста фæсарæйнаг хъуыдцæгты коллегийы разамонæг вице-канцлер А. П. Бесту- жев-Рюмин. Уыцы заман Кæсæджы уæздæттæй иу-цалдæр уыди Бетъы- рбухы. Бестужев-Рюмин уыдонæй базыдта Ирыстоны разагъд лæгты нæмттæ, ирон адæмы царды уаг æмæ æгъдæуттæ. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ арæзт æрцыд сæрмагонд къа- мис, æмæ йæ хъуыдцæгтæ биноныгдæр сбæрæг кæныны тыххæй арвыстой Ирыстонмæ. Къамисы уыди 21 гуырдзиаг динамонæг лæджы. Уыдон иу хъуыдцагæй ирæтты хъуамæ раздæхтаиккой чырыстон динырдæм, фæлæ сæ сæйраг нысан та уыди Ирысто- ны Уæрæсеимæ политикон æгъдауæй бабæттын. 1745 азы 18 февралы къамис, йæ сæргъы архимандрит Па- хомий, афтæмæй, рарасти Ирыстонмæ æмæ схæццæ ис 17 майы. Дыууæ мæймæ бабæрæг кодта Ирыстоны æппæт кæмттæ дæр æмæ бæлвырд хабæрттæ арвыста уырысы хицауадмæ. Къамис фыста, æппæт адæмы дæр кæй фæнды Уæрæсеимæ цæдис скæнын, стæй цæттæ кæй сты Бетъырбухмæ сæ минæвæрттæ арвитынмæ. Уый адыл уырысы хицауад æвæстиатæй Бетъырбухмæ фæсидти къамисы уæнгтæй иу - йеромонах Ефреммæ. Ефрем Синод æмæ Сенатæн фехъусын кодта, Ирыстоны цы уавæр ис, цавæр æрдзон хæзнатæ дзы ис, уыдæттæ. Сенат, Синод æмæ фæсаркаййнаг хъуыддæгты коллеги тæрхон кæнын байдыдтой Ирыстоны хъуыддæгтыл. Турк æмæ Персимæ сæ ахастдзинæдтæ куы февзæрдæр уой, суанг уымæй дæр нæ тæрсгæйæ, уырысы хицауад сфæнд кодта Ирыстоны минæвæртты æрхонын столицæмæ. 1746 азы 14 августы паддзах Елизаветæ Петровнæйы указмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæджы хъуамæ ныхас кæнын райдыдтаиккой Уырыс æмæ Иры æхсæн бастдзинады фæдыл. Уыцы хабар тынг æхсызгон уыд Иры дзыллæтæн. Пахомий куыд хъусын кодта, афтæмæй ма уыдон суанг куывд дæр скодтой æмæ уым гаджидæуттæ уагътой дыууæ адæмы æхсæн хæлардзи- нады тыххæй. 379
Куыд цæттæ кодтой Ир сæ минæвæртты Уæрæсемæ Ныхасгонд куыд æрцыд, уымæ гæсгæ 1746 азы фæззæджы Ирыстоны минæвæрттæ цæттæ кæнын байдыдтой сæхи Бетъыр- бухмæ. Хицауадæн фехъусын кодтой, кæд ацæудзысты, уый. Минæвæрттæ сæхи балцмæ барæвдз кодгой, фæлæ хъуыддаг фехæлд, се ’мгъуыд сын аргъæвтой фæстæдæрмæ. Уый уымæн афтæ рауад, æмæ архимандрит Пахомийы фæндыд, минæвæртты разамонæгæй йын йæхи куыд арвыстаиккой, афтæ. Сенат та разамонæгæй снысан кодта къамисы уæнгтæй иу - Андрей Бибилюревы. Уæд Иры хистæртæ ногæй гæххæтт арвыстой паддзах Елизаветæ Петровнæмæ, цæмæй сын сæ балц фæттогъддæр кæной. Сæ гæххæтты æргомæй фыстой, Уæрæсеимæ сæ баиу кæнын кæй фæнды, уый. Уымæй уырысы хицауад куыддæр фæтæрсæгау кодта: кæд сæ йæхимæ баныхас кæнынмæ хуыдта, уæддæр æм Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæнын уæд «æгæр раджы» касти. Хъуыддæгтæ къуылымпы кодтой, уыцы хабæрттæ Турк æмæ Хъырымы хантæ кæй базыдтой æмæ Уæрæсейы ныхмæ кæй сдзырдтой, уый тыххæй. Æмæ уæд уырысы хицауад уынаффæ рахаста Ирыстоны минæвæртгимæ баныхас кæныны фарстамæ ногæй æркæсын. 1748 азы июны Хъызлары фидарæй æрбайхъуыст, зæгъгæ, дам, къамисы кусджытæй чидæртæ сты Уæрæсейы ныхмæ æмæ, дам, уыдонæй иу къамисы разамонæг архимандрит Пахомий йæхæдæг у. Кайхосура Эристов æмæ игумен Николай хъусын кодтой, зæгъгæ, дам, Пахомий хæцы гуырдзиæгты фарс æмæ ирæтты здахы Милетийы æмæ Къахеты паддзæхтырдæм. Уый стыр сагъæсы бафтыдта уырысы хицауады; уынаффæ хаст æрцыд: æвæстиатæй дины къамисы уæнгтæм æркæсын. Фæлæ уый æнцон хъуыдцаг нæ уыд, уымæн æмæ йæ бакæнын хъуыди сусæгæй, адæм æй куыд нæ базыдтаиккой, афтæ. Паддзах Елизаветæ Петровнæ 1749 азы майы ногæй фехъусын кодта Ирыстонмæ, цæмæй сæ минæвæртты рарвитой Бетъырбухмæ. Семæ хъуамæ ацыдаид архимандрит Пахомий дæр, æцæг йæ алы ныхас, йæ алы фæзылд дæр суанг Хъызларæй Мæскуыйы онг хъахъхъæд куыд цыдаиккой, афтæмæй. 380
Апрелы фæстаг бонты ирон минæвæртты размæ Хъызларæй рацыд дыууадæс салдаты æмæ иу афицер. Уыдон бæлццæттæм æнхъæлмæ кастысты кæсгон кънйаз Анзоровы хæдзары. Фæлæ минæвæрттæ нæ рацыдысты, уымæн æмæ сæм æртхъирæн кодтой иуæй-иу кæсгон уæздæттæ. Уый базыдта Астраханы губернатор Брылкин дæр æмæ ныффыста кæсгон кънйæзтæм, Ирыстоны минæвæрттæн сæ фæндаг ма къуылымпы кæнут, зæгъгæ. Июлы Брылкин ногæй æфсæддон къанвой арвыста Ирыстонмæ, минæвæртты суанг Астраханмæ куыд ахæццæ кодтаид, афтæ. Куырттаты комы, Уæлладжыры æмæ Дыгургомы минæвæрттæ уыцы заман цæттæ уыдысты Бетъырбухмæ ацæуынмæ æмæ Зæрæмæджы æрæмбырд сты. Сæ каст ма уыд губернаторы къанвоймæ. Ирыстоны минæвæрттæ фæндагыл: Зæрæмæг - Астрахань -Мæскуы - Бетъырбух 1749 азы 25 сентябры хъазахъхъаг салдæттимæ иумæ барæг бæхтыл рараст сты Зæрæмæгæй Ирысгоны фондз минæвары архимандрит Пахомиимæ. Уыдон уыдысты: минæвæртты хистæр, зæрæмæггаг Магкаты Зураб (документтæм гæсгæ та Зураб Егоров, Азовов, Елиханов); захъайаг Хъесаты Эба (Ели- сей Лукич Хетагов); дзывгъисаг Батыр Куырттатаг (Патермир- за Кутат Давыдов сын), Бадилаты Созырыхъо æмæ Хъази Стыр Дыгурæй (Сосруко и Кази Бадиледзевы). Уыдонæй алкæмæн дæр уыд кæстæр æмбал «хуымæтæджы адæмæй». Зураб ма саби куы уыд, уæд æй йæ фыд арвыста Гуырд- зыстонмæ æмæ йæ хъомыл кæнынмæ радта паддзах Вахтанг У1-æмы хæдзармæ. Лæппу уым æрцыд аргъуыд æмæ йæ ныффы- стой ног мыггагыл - Елиханов, зæгъгæ. Елиханов Гуырдзысто- ны райста хорз ахуыргонддзинад. Архимандрит Пахомий уый тыххæй афтæ фыста, зæгъгæ, Зураб Ирыстоны мидæг у «зыбы- ты иунæг ахуыргонд адæймаг», «схъомыл гуырдзиаг паддзахы хæдзары æмæ хорз зоны гуырдзиаг æвзаг, стæй чырыстон дины æгъдæуттæ». 381
XVIII æнусы ссæдзæм азты Елиханов сси гуырдзиаг падцзахы хæстæгдæр æмбæлттæй иу. Политикон хъуыддæгтæм тынг хорз кæй арæхсти, уымæ гæсгæ Вахтанг VI æмы цæсты уыди тынг кадджын. Афтæмæй уайтагъд сси гуырдзиаг паддзахы къазнайы хицау. Елиханов хорз æмбæрста Гуырдзыйы паддзахадон зынгæ архайæг Вахтанджы æддагон политикæ. Вахтанг тох кодта персайнаг шахы æмæ туркаг султаны æлдариуæгдзинады ныхмæ. Уыцы тох Зураб хæстæг иста йæ зæрдæмæ. 1724 азы Вахтанг VI йе ’ххуысгæнджытимæ ацыд Уæрæсемæ. Уыдонимæ уыди Зураб Елиханов дæр. Гуырдзиаг паддзахимæ иумæ Зураб Уæрæсейы бафæстиат дзæвгар рæстæг, 1724 азæй 1734 азы онг. Уый размæ дзырдта æртæ æвзагыл (ирон, кæсгон, гуырдзиаг), уым та маэ кæй зæгъын æй хъæуы, хорз базыдта уырыссагау дæр. Æмæ йæ хъуыддаг хорз цыди Мæскуы æмæ Бетъырбухы стыр хицæуттимæ. Зураб кæмдæриддæр йæ фæндон хаста ахсджиаг æхсæнадон хъуыдцæгтæ лыг кæнгæйæ, æмæ афтæмæй сси тынг дзыхарæхст æмæ хæдзонд адæймаг. 1734 азы Зураб фæстæмæ сыздæхти йæ райгуырæн бæстæм æмæ зæрдиагæй кусын байдыдта Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныныл. Уайтагъд йæ кой айхъуысти дардыл, куыд кадцжын, цытджын, дзырддзæугæ лæг. Зураб æрбынат кодта Зæрæмæджы, куыд дзурынц, афтæмæй суанг персайнаг шах Аббасæн дæр басæттын чи нæ бакуымдта, уыцы фидары. Елихановы кой айхъуысти æгас Кæсæгыл, Мæхъхъæл æмæ Цæцæныл дæр ма. Дины къамис Ирыстонмæ куы ссыд, уæд Зураб тынг æххуыс кодта уымæн, семæ зылди Ирыстоны хъæутыл. Къамисы руаджы уый уырысы хицауады размæ æрæвæрдта къорд фарстайы, уыдонæн сæ сæйрагдæр: Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны тыххæй. Иры номæй дыккаг минæварæй Уæрæсемæ ацыд Хетагов Елисей Лукич. Уый дæр Зурабы хуызæн сабийæ æрвыст уыди Гуырдзыстонмæ, æмæ уым каст фæци дины райдиан скъола. Елисей Гуырдзыстоны райста чырыстон дин, йæ райгуырæн хъæу Захъайы та йæ зыдтой Хъесаты Елисейы фырт Эбайæ. 382
Елисей Лукич Хетагов уыди тынг нымад лæг, кадцжын, тыхджын. Йæхæдæг куыд дзырдта Сенаты, афтæмæй йæ къухы куыста дыууæ мин хъазайраджы. Чи зоны, æмæ йæм уый бæрц нæ уыдаид, фæлæ йæм уæддæр хъазайрæгтæ кæй уыд, уый дызæрдыггаг нæу. Уымæн æвдисæн сты йе стыр бæстыхæйттæ, сæ хæлддзæгтæ ма абон дæр лæууынц. Хетаговы тыххæй цы документгæ баззад, уыдонмæ æркæсгæйæ, бæрæг у, уый кæй уыд тынг дæсны лæг хæстон хъуыддæгты. Сенаты иу æмбырды архимандрит Пахомий дзырдта, зæгьгæ, «хæсты заман уый æппæт ирæттæн дæр вæййы сæ раздзæуæг, æмæ се ’ппæт дæр фæкæсынц йæ коммæ». Елисей йæхæдæг дæр уый тыххæй бирæ хатт дзырдта уырыссаг сенатортæн. Ирыстонæй Уæрæсемæ æртыккаг минæвар уыди Патер (Патермирза) Довадов Кутат. Уый тыххæй уыйас бæлвырд хабарæй ницы ис. Йæ ном -Патер, иронау та-Батыр. Документты та йæ фыссынц Кутаты мыггагæй, фæлæ йын Бетъырбукы аргъуыды фæстæ йæ мыггаг схуыдтой Куртаулов. Документтæй бæрæг у, Патермирзамæ дæр кæй уыди 1500 адæймагæй фылдæр зæхкусджытæ. Ирыстоны иннæ дыууæ минæвары та уыдысты Бадилаты Созырыхъо æмæ Хъази. Уыдон ныххæцпæ сты æрмæст Хъызлары онп Уый уымæн, æмæ иуæй-иу кæсгон уæздæтты нæ фæндыди, Ирыстоны минæвæрттæ Уæрæсемæ ацæуой, уый, сæ размæ сын æвæрдтой алы цæлхдуртæ хъуыддаг бакъуылымпы кæныны тыххæй, æртхъирæнтæ сæм кодтой. Бадилайы-фырттæ сæм байхъуыстой, Кæсæгимæ æнгом баст кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Иры минæвæрттæ, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй семæ акодтой кæстæриуæггæнджытæ. Магкаты Зурабæн кæстæриуæг кодтайæфыртХъанæмæт(БетъырбухытайæсхуыдтойДмитрий). Кутат Патермирзайæн та - Солæманты Сергей (Саламонов, Алгузов сын). Хетагов Елисейы кæстæриуæггæнæджы мыггаг бæрæг нæу. Æрмæст баззад йæ ном документты «Василей», зæгъгæ. 383
Бæлццæттæ Хъызлары фидармæ æрхæццæ сты 1749 азы 27 сентябры, 17 сентябры та сæ размæ, кад раттыны тыххæй, рацыд Астраханы губернатор Брылкин. Уый Иры минæвæрттæн радта бирæ æхца, стæй уæрдæттæ. Фæлæ уыдон нæ бафæндыдис уæрдæттыл ацæуын, дард фæндагыл сын зын куы уа, уымæй тæрсгæйæ. Уæд губернатор бæлццæттæн ракæнын кодта къареггæ. Астраханмæ æрцæуæг персайнаг минæвæрттæн кæй сцæттæ кодтой, уыдон. Персайнаг минæвæрттæй Ирыстоны минæвæртты цæмæн фæкадджындæр кодта Астраханы губернатор, уый тыххæй йæхæдæг хицауадæн бамбарын кодта, зæгьгæ, дам, хъуыддагæн афтæ хуыздæр у. Уый фæндыд Иры минæвæрттæн сæ зæрдæ балхæнын, кæд се ’ргом тынгдæр раздахиккой уырысы хицауадмæ, зæгьгæ. Иры минæвæрттæ Астраханæй араст сты 1749 азы 31 октябры. Мæскуымæ сæ фæндагуыди Царицын, Тамбов, Скопин æмæ Коломиайыл. 7 декабры се ’мбæлттимæ æмæ æфсæддон отрядимæ ныххæццæ сты у ырысы паддзахады рагон столицæмæ. Сенаты указмæ гæсгæ сæ уым тынг суазæг кодтой. Минæвæртты бакодтой инæлар-прокурор, Сенаты сæйраг разамонæг кънйаз Трубецкойы бар. Уазджыты уыцы бон бахуыдтой Сенаты æмбырдмæ æмæ сын уым скодтой стыр кад. Ирæттæн фехъусын кодтой, Сенат сын сæ сæмбæлд кæй «нымайы арфæйаг хъуыддагыл» æмæ сын «йæ иуыл бæрзонддзинад паддзах кæй скæндзæн стыр кад». Сенаты æмбырды раныхас кодта Зураб. Уый арфæ ракодта хицауадæн, Иры минæвæрттыл афтæ кæй бацин кодтой, уый тыххæй. Патемирза Кутат кæй фæрынчын, уымæ гæсгæ минæвæрттæ Мæскуыйы тынг бафæстиат сты. Уым æнæнхъæлæджы фембæлдысты сæ иубæстон Сидамонты Прокофийыл (Прокофий Сидамонов). Уый уыди Куырттаты комæй, дæллагхъæуккаг. Чысылæй бахауд уацары æмæ йæ Хъырыммæ ауæй чындæуыд цагъайрагæн. Бирæ рæстæджы фæстæ йæ къухы бафтыд Украинæмæ алидзын. Полтавæйы бацыди горæты комендантмæ, гуырдзиаг кънйаз майор Нодат Баратовмæ. Уый йæ ахæццæ кодта Мæскуымæ. Сидамоны-фырт фехъуыста сæхирдыгон гуырдзиæгтæй, Мæскуымæ Ирыстонæй минæвæрттæ кæй 384
æрцыд> Уый>æмæ сæ уайтагьд агурын байдыдта. Куы сæ ссардта, уæд Сенат Сидамоны-фыртæн радта уыцы минæвæрттимæ баиу уæвыны бар. Уæдæй фæстæмæ сæ нал фæхицæн суанг сæ райгуырæн бæстæм ссæуыны онг. 1750 азы 21 январы Иры минæвæрттæ араст сты Бетъырбухмæ æмæ ныххæццæ сты 9 февралы. Дыууæ азы Бетъырбухы Бетъырбухы дæр та Мæскуыйы хуызæн тынг бацин кодтой Иры минæвæрттыл. Се’рцыдмæ сын сцæтгæ кодтой фысымуат «Соловьевы урсдурæй амад хæдзары». Агъуысты алыварс æрæвæрдтой гæрзифтонг салдæттæ. Минæвæрттæн æххуысæн радтой Сенаты цумайы лæджы Языковы æмæ тæлмацгæнæг Вениамин Ахшарумовы. Иры минæвæртты, кæй зæгъын æй хъæуы, тæлмацгæнæджы сæр ницæмæн хъуыди, уымæн æмæ Зураб хорз зыдта уырыссаг, стæй гуырдзиаг æвзаг дæр. Фæлæ дипломаты кадджын ном дæлæмæ цæмæн æруадзон, зæгъгæ, йæ сæрмæ не ’рхаста йе’мбæлттæн тæлмацгæнæг кыллæууын. Хуымæтæджы «тæлмацгæнæг» æй куы хоной, уый адæргæй Зураб ныхас дæр кодта иронау, йæхицæн ын тæлмацгæнæг куыд хъуыдаид, афтæ. Суанг ма йæ къух дæр алы документты æвæрдта иронау. У ырысы хицауад ал ы фæлтæрæнтæ кодта Иры минæвæрттимæ баныхас кæныны æмгъуыд фæстæдæрмæ аргъæвыныл. Уый уымæн, æмæ уыцы рæстæг æвзæрстой Пахомийы хъуыддаг, уырысæй Иры æхсæн цытæ кодта, уый. (Зындгонд куыд у, афтæмæй Эристов Кайхосура æмæ игумен Николай дзырд бахастой, зæгъгæ, дам, архимандрит Пахомий ирæтты гуырдзиаг паддзахы къухмæ дæтты). Слест цыди Эристов Кайхосурайыл æмæ игумен Николайыл дæр. Уыдон дзургæ цы кодтой, уымæй у æлдай ма фысгæ дæр ныккодтой, зæгъгæ, дам, Иры минæвæртгæ гуырдзиаг кънйазы хъазайраг зæхкусджытæ сты æмæ уымæ гæсгæ сæ бон нæу Ирыстоны хъуыддæгты фæдыл ныхас кæнын. Уырысы хицауады гуырысхо митæм куы бакастысты Иры минæвæрттæ, уæд иукъорд хатты ракуырдтой, сæ размæ цы хæс æвæрд ис, ууыл тагъддæр æрныхас кæнын. 385 25
1750 азы 16 июлы Иры минæвæртты бахуыдтой Сенаты æмбырдмæ æмæ сæ фарстой ирон адæмы царды хабæрттæй. Се ’ппæты бæсты дæр раныхас кодта Зураб. Уый загъта, зæгъгæ, уырыссаг падцзах Елизаветæ Петровнæ ирон адæмы минæвæртты Уæрæсемæ кæй æрхуыдта, уымæй нын скодта стыр аргъ, æмæ нæ фæнды, цæмæй цы хъуыдцаджы тыххæй æрцыдыстæм, ууыл тагъддæр баныхас кæнæм. Цы агуырдта Сенатæй Зураб: а) Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæнын (æппæт ирон адæмы дæр афтæ кæй фæнды, уымæ гæсгæ), б) Ирыстоны æддагон æдасдзинады тыххæй баныхас кæнын; в) ирон адæмы хæхбæстæй быдырмæ ралидзын кæнын. Уырысы хицауадæй уыйас стыр хъуыддæгтæ домгæйæ, Иры минæвæрттæ æмбæрстой, сæхирдыгæй дæр сæ цыдæр бакæнын кæй хъæуы, уый. Уымæ гæсгæ Зураб загъта Сенаты æмбырды, Ирыстонæн йæ бон у уырысы æфсадмæ дæс æмæ ссæдз мин адæймаджы рарвитын, зæгъгæ. Зураб ныхас кодта, Иры минæвæрттæ Бетъырбухы цæй фæдыл сты, æндæр ахæм хицæн хъуыддæгтыл дæр; загъта, зæгъгæ, сæ фæнды сæ хæстæ тагъддæр сæххæст кæнын æмæ сæ райгуырæн бæстæм ацæуын. Уыимæ Зураб фидарæй загъта, Ирыстонмæ кæй ницы хабар кæнынц, ууыл уым æнæ тыхсгæ кæй не сты, æмæ хицауад Иры минæвæртты хъуыддаг тагъд куынæ сараза, уæд уыдонæй иуы арвитын кæй бахъæудзæн Ирыстонмæ хабар бамбарын кæнынмæ, адæмы зæрдæ сæ бæлццæттæм цæмæй мауал æхсайа, уый тыххæй. Сенат Иры минæвæрттæн зæрдæ бавæрдта, хъуыддаг тагъд кæй равзардзæн, уымæй. Зурабы ныхас, æвæццæгæн, стыр дисы бафтыдтд сенаторты. Уый бæрæг уыд, уыцы æмбырды фæстæ ирыстойнæгтæм ноджы фылдæр æргом кæй аздæхтой, уымæй дæр. Радтой сын сæрма- гонд нау, цæмæй дзы Невайы цæугæдоны сæ зæрдæйыдаæбæхæн атезгъо кæной, ахуыдтой сæ паддзах Елизаветæйы цæхæрадæт- тæм, уынын сын кодтой аргьуантæ, горæты алы диссæгтæ æмæ адæмы царды уаг. Минæвæрттæм уæлдай диссаг фæкаст сæ балц Сестрорецкмæ. Уым Финаг донбакæлæны былгæрон фæцарды- сты цалдæр боны, фæзылдысты хæцæнгæрзтæаразæн стыр за- водтыл, федтой кусæг адæмы, заводты фæллойгæнджыты. Се- 386
строрецкæй фæстæмæ цæугæйæ, Иры минæвæрттæн ракодтой лæвæрттæ - уырыссаг гæрзарм адæмы конд топпытæ. 1750 азы нæ кадджын бæлццæттыл æрцыд стыр цины хабæртгæ: Ирыстонæй райстой дзуапп сæ писмойæн. Бинонтæ, хæстæджытæ сæм фыстой, Иры зæхх кæй у, куыд æй ныууагътой, афтæ, иууылдæр кæй сты дзæбæх, æнæниз. Зурабæн писмо фысджытæ арфæ кодтой, хæрæфырт ын кæй райгуырд, Елисейæн та - фырт, уый тыххæй. Патермирзайæн та арфæ ракодтой, йе ’фсымæр Хъуыбадты чызгимæ кæй бафидыдта, уый тыххæй. Уыцы рæстæджы дæр Эристов æмæ игумен Николай сæ дам-думтæ нæ ныууагътой. 1751 азы уалдзæджы уыдон бах- хуырстой Ингермоланы полчъы салдæтты æмæ бабырстой Иры минæвæрттæм. Фæлæ, минæвæртты фысымуат хъахъхъæд кæй цыд, уый сæ фервæзын кодта, æрмæст тæлмацгæнæг Вениа- мин Ахшарумов фæци цæфтæ. Иннæтæй хъыгдард ничи бай- йæфта. Уыцы, лæбурды фæдыл Сенат бауынаффæ кодта хабар сбæлвырд кæнын. Куыд рабæрæг, афтæмæй Эристов æмæ игу- мен Николай разындысты аххосджын æмæ сæ уырысы хицауад тынг бафхæрдта. Фæлæ сын уый ницы феххуыс и, алцы хуызы архайдтой минæвæртты хъуыддæгтæ халыныл, минæвæрттыл хинæй рацæуыныл. Кайхосура фембæлди Елисей æмæ йе’мбал Сергей Саламо- новыл. Йæхимæ сæ æрбахуыдта. Кайхосура йæхи хъыггæнæг скодта, ома, дам, ирон минæвæрттæн сæ бон ницы саразын у æмæ уыйбæрц рæстæг æнæ хъуыддагæй Бетъырбухы бадынц. Цыма йæ уыдонæн баххуыс кæнын фæнды, йæхи афтæ æв- дисгæйæ, Кайхосура Елисейæн фæкодта бирæ гæдыныхæстæ, ома, дам, мæнмæ куы байхъуыстаиккат, уæд Уæрæсейы у ыйбæрц нæ бафæстиат уыдаиккат, уæ хъуыддаг раджы ахицæн уыдаид. Кайхосура куыд дзырдта, уымæ байхъус, уæд Иры минæвæрттæ хъуамæ Сенатмæ ныффыстаиккой, мах стæм хуымæтæджы му- зуккæгтæ, зæгъгæ, æмæ уыцы писмо цас тагъддæр балæвæрдта- иккой, уыйас тагъддæр ацыдаиккой сæ хæдзæрттæм. Кайхосура йæ зæрдæ дардта, ирон минæвæрттæ йæм байхъусдзысты æмæ, ахæм писмо уырыссаг хицауадмæ куы барвитой, уæд бар-æнæ- бары дæр хуымæтæджы мæгуыр адæмы фырттыл нымад 387
æрцæудзысты, зæгъгæ. Афтæмæй хицауад тынгдæр баууæнды- даид Кайхосурайы ныхасыл, æмæ уæд нал фæкъæмдзæстыг уы- даид хицауады цæсты. Стæй уыдон уыцы хуымæтæджы музук- кæгтимæ ныхас кæнын сæ сæрмæ дæр нал æрхастаиккой. Уыцы политикон фæливæн митæн ницы зыдта Хетагов, уæдæ гуырыс- хо дæр нæ кодта, ирон минæвæрттæ гуырдзиаг минæвæртты ца- гъайрæгтæ сты, зæгъгæ, хицауадмæ цы бирæ дам-думтæ хъуыст, уыдæттæ Кайхосурайы фыст кæй сты, ууыл. Уымæ гæсгæ Хе- тагов, æвæццæгæн, баууæндыд цæстфæлдахæг Кайхосурайыл æмæ йын байхъуыста йæ фæндмæ. Хетатов уыцы хабар фыц- цаджыдæр ракодта Зураб Елихановæн. Зураб зондджын дипло- мат уыди, политикон æгъдауæй хъуыддæгтæ хорз æмбæрста æмæ уайтагъд рацахста Кайхосурайы фæдфæливæн хъуыдытæ. Уый йе’мбæлттæн бамбарын кодта, Кайхосура кæй ницы зоны минæвæртты хъуыддæгтæн æмæ йын хъусын дæр кæй нæ хъæуы йæ фæндмæ, стæй йыл æууæндгæ дæр кæй хъуамæ мачи кæна, уымæн æмæ цы аразы, уый йæхи пайдайæн, мах та æрмæст фæ- ливгæ кæны, зæгъгæ. Фæлæ Кайхосура ууыл дæр æгъгъæд нæ загъта. Уый бавдæлд æмæ сфæнд кодта, æддæг-мидæг ауайын кæнын минæвæртты. Æмæ уый дæр минæвæрттæй искæй руаджы зын скæнæн уыд. Уымæ гæсгæ Кайхосура хъуыддаджы нытътъыста лæггадгæнджытæй иуы. Йæ сусæг митæ сæххæст кæныны тыххæй йæхимæ æрбахæстæг кодта Сергей Саламоновы æмæ йын кодта алыхуызон цæстмæмитæ. Иу хатт та йын йæ хъусы афтæ бацагъта, зæгъгæ, дам, Иры минæвæрттæ Бетъырбухы уымæн фæстиат кæнынц, æмæ сын хицауад фиды бирæ æхца. Уымæ гæсгæ, дам, цас фылдæр бафæстиат уой, уыйбæрц хъæздыгдæр суыдзысты. Сымах та, дам, (ома, лæггадгæнджытæ) минæвæрттæн стут фæсдзæуинтæ, хъæут, дам, сæ æрмæстдæр уымæн, сæ хъуыддæгтæ сæ къухы цæмæй бафтой. Кайхосура ма ноджыдæр загъта, Саламонов æмæ Елисей Генцауровы Ирыстоны минæвæрттæ кæй хонынц сæхицæн цагъайрæгтæ. Ууыл куыд нæ смæсты уыдаид Саламонов. Уыцы ныхасы фæстæ, уый сæ фысымуатмæ куы æрбацыд, уæд фыццаджыдæр алывыд акалдта Зурабæн. Хъуыддаг уый 388
онгты æрхæццæ, æмæ Саламонов Зурабмæ йе ’хсаргард сласта йæ кæрддзæмæй. Чи зоны, цæуыл ахицæн уыдаид хъуыдцаг, Зурабы фырт Дмитрий Саламоновимæ ныхæй-ныхмæ куынæ фæуыдаид, уæд. Уалынмæ сæм бахæццæ сты иннæ минæвæрттæ дæр, стæй сæ хъахъхъæнджытæ. Мæстджын Зураб сфæнд кодта Саламоновы ахæстоны бакæнын кæнын. Дыккаг бон уый Сенаты сæргьлæууæг инæлар прокурор Трубецкойæ куырдта, цæмæй йæ бауадза йæхимæ. Кънйаз Трубецкой Елихановæн æрбацæуыны бар радта сентябры. Кънйазимæ ныхасгæнгæйæ, Зураб бамбарын кодта Кайхосурайы хахуыр митæ. Уыцы бон Сенаты æмбырды кънйаз Трубецкой фехъусын кодта Ирыстоны минæвæртты хабæрттæ. Сенат æркасти хъуыд- дæгтæм æмæ бауынаффæ кодта Кайхосурайы æрцахсын æмæ йæ лыстæг бафæрсын, минæвæртты кæрæдзиуыл цæмæн сардыдта, уый тыххæй. Сенаты уынаффæмæ гæсгæ, Кайхосура Махотеловы хъуыддагмæ каст æрцыд биноныг, æмæ уырысы хицауад бауынаффæ кодта лæджы карз бафхæрын. Фæхицæн æй кодтой Ирыстоны минæвæрттæй æмæ йæ арвыстой Гуырдзыстоны гусарты полкъмæ. Сергей Саламоновæн та хъуамæ стæрхон кодтаиккой Зурабы фæндонмæ гæсгæ. Зурабы бафæндыд Саламоновы суæгъд кæнын. 1751 азы 29 октябры ирон минæвæрттæ уыдысты фæсарæй- наг хъуыддæгты коллегийы статс-секретарь æмæ советник В. М. Бакунинмæ. Бакунин ирон минæвæрттæн равдыста Кæсæджы картæ (геодезист Степан Чичагов 1744 азы кæй сарæзта, уый). Уыцы картæйыл бæрæггонд нæ уыдысты Иры- стоны арæнтæ. Фæлæ дзы зындысты, Ирыстоны зæххыл цы цæугæдæттæ кæлы, уыдон. Нæ дзы уыд æрмæст Джызæлдон æмæ уый Бакунинæн загътой бæлццæттæ. Картæйы уæлхъус бирæ фæныхасгæнгæйæ, минæвæрттæй алчидæр бацамыдта, чи сæ кæцы комæй рацыд, уый. Бакунинæн ирон минæвæрттæ ноджы уыцы картæйыл бацамыдтой, ирон адæмы хæхбæстæй хуыздæр кæцы рæттæм ралидзынгæнæн уаид, уыцы бынæттæ. Ахæм бынæттæ уыдысты 389
Фыййагдон æмæ Æрыдоныдоны былтæ, «кæсгон Алимырза æмæ Æмзораты хъæутæй дæс - фынддæс версты уæлдæр». Минæвæрттæ куыд радзырдтой, афтæмæй уыцы зæххытæ уыдысты «уæгъд». Уыдонмæ гæсгæ уыцы зæххытæ хорз уыдысты æддагон знæгтæм хи бахъахъхъæнынæн, уыдысты «тынг фидар рæттæ хъырымаг æмæ Кубаны æфсæдтæй хи бамбæхсынæн», - афтæ сæ хуыдтой минæвæрттæ сæхæдæг. Бакунинимæ ныхасгæнгæйæ, уыдон загътой сæ фæндон базарад рапарахат кæныны тыххæй дæр. Статс-секретарь Бакунин ирон минæвæрттимæ ныхасгæн- гæйæ, хорз зыдта уырысы хицауады зæрдæйыуаг Ирысто- ны хъуыддаджы фæдыл æмæ уымæ гæсгæ дзуапп лæвæрдта минæвæрттæн. Бакунин йæ уазджытæн загъта, хæххон ирон адæмы хорз кæй уаид Червленныйы цурмæ, «хъæрмæдæттæ кæм гуыры», уырдæм ралидзын кæнын. Уымæн æмæ, дам, уыцы рай- он у уырысы арæн, æмæ йæ хицауад нымадта хуыздæрыл, ирон адæммæ исчи куы æрбабырса, уæд сæ фыдбылызæй бахъахъхъæ- ныны тыххæй. Минæвæрттæ не сразы сты Бакунины фæндоныл. Цæй тыххæй? Уымæн æмæ Червленныйы зæххытæм æнцонæй бабырстаид кæцыфæнды æддагон знаг дæр, уæлдайдæр та - хъырымаг хан, сæ тыхджындæр знаг, хæххон у ынгæг кæмтты дæр сæ цæрын чи нæ уагъта, уый; Кæсæг æмæ Иры ахастдзинæдтыл дзургæйæ, минæвæрттæ загътой, ирон адæм «цæрынæй- хæрынмæ дæр хæлар кæй сты сæ сыхæгтимæ» - кæсгæттимæ, стæй Кæсæгмæ исчи куы бабырсы, уæд кæй баххуыс кæнынц кæрæдзийæн. Уыимæ минæвæрттæ ранымадтой кæсгон къорд мыггаджы, сæ сывæллæтты æдасдæрæн Ирыстонмæ чи æрвыста, уыдон. Ахæм хъантæ кæрæдзийæ бирæ уыд Ирмæ дæр æмæ Кæсæгмæ дæр, æмæ уымæ гæсгæ минæвæрттæ Бакунинæн загътой, Ир æппындæр кæй ницæмæй тæрсынц Кæсæгæй. Статс-секретарь Бакунинимæ ныхасгæнгæйæ, ирон минæ- вæрттæ бамбæрстой, фæсарæйнаг хъуыдцæгты коллегийы минæвар йæ уазджыты фæндоныл иуцасдæр дызæрдыг кæй кæны, уый. Æмæ æнæ бафиппайгæ дæр нæ уыд уымæн. Бакунин æппындæр ницы дзырдта, Ирыстоны зæххæй кадджын 390
минæвæрттæ цæй тыххæй рараст сты, уыцы хъуыдцаджы фæдыл, ома, Ирыстоны Уæрæсеимæ баиу кæныныл. Уымæ гæсгæ сæ ныхас хицæнгондыл нæ нымайгæйæ, минæвæрттæ загътой, уыдон Уæрæсейы империйы столицæмæ кæй æрцыдысты «паче всего для благодарения за приведение их, осетинцев в святое крещение и для отдания своего всенижайшего е. и. в. поклона». Æмæ уый тыххæй курынц, цæмæй сæ йæхимæ бауадза паддзах Елизаветæ Петровнæ. Цæмæй сыл Бакунин баууæнда æмæ афтæ æнхъæл ма уа, уæдæ та паддзах Елизаветæимæ дæр уыцы иу ныхас кæндзысты, зæгъгæ, уый тыххæй йын бамбарын кодтой, паддзахы фенын сæ кæй фæнды æрмæстдæр арфæгæ ракæнынмæ. Æнæуи цы фарстатыл ныхас кодтой, уыдон та дарддæр лыггонд кæй цæудзысты Хъызлары комендантимæ. Минæвæрттимæ йæ ныхас куы ахицæн кодта Бакунин, уæд дзуапп ныффыста фæсарæйнаг хъуыддæгты коллегийы разамонæг Бестужев-Рюминмæ. Уый дæр та йыл бафтыдта йæхи хъуыдытæ æмæ йæ афтæмæй балæвæрдта Сенатмæ. Бестужев-Рюмин Сенатæн бамбарын кодта. Бакунин Ирыстоны минæвæрттимæ цæй тыххæй дзырдта, уыдæттæ, стæй уыцы хъуыддаджы фæдыл йæхи фæндон дæр. 1751 азы декабры Бестужев-Рюмины фæндæй, Ирыстоны минæвæрттæ бацыдысты паддзах Елизаветæмæ. Абоны онг ницы бæрæг ис, паддзах семæ цæуыл ныхас кодта, уымæн. Фæлæ документтæм æркæсгæйæ, зæгъæн ис, æвæццæгæн, уыцы фембæлд кæй уыди æрмæст кады тыххæй, Ирыстоны минæвæртты зæрдæ сыл куыд нæ фæхудтаид, афтæ. Паддзахы та бафæндыди уыцы æнахуыр бæстаг адæмы минæвæртты фенын. Уый фæстæ уырысы паддзахады хицауад уынаффæтæ рахаста Ирыстоны æмæ йæ минæвæртты тыххæй. Уыцы уынаффæтæм гæсгæ, цæугæдæттæ Æрыдон æмæ Фыййагдоны былгæрон зæххытæ уырысы хицауад нымадта «уæгъд æмæ сæрибарыл», æмæ хæххон ирон адæм хъуамæ ралыгъдаиккой уыцы зæххытæм. Уырысы хицауадмæ хорз касти, ирон адæм Хъызлары æмæ Астраханы сæ базарад ку ы рапарахат кодтаиккой, уый дæр. Уыцы хъуыддаджы фæдыл хаст æрцыд сæрмагонд Указ æмæ йæ арвыстой Астраханы губернатормæ. Уымæн 391
фæдзæхст цыд: «а которые будут приезжать для продажи своего скота и прочего купечества, и их от обыкновенных пошлин против других горских народов уволить, ибо та пошлина вместо их имеет браться с российских купцов». Сенат ноджы снысан кодта фæндаггаджы æхцатæ дæр, Ирыстон æмæ Уæрæсейы хъуыддæгты фæдыл ирон адæмæй Хъызлармæ æмæ Астраханмæ чи цыдаид, уыдонæн. Хистæртæн ахæм æхца боны хардзæн лæвæрдтой туман, æнæуи адæмæн та æртæ кæпеччы. Гъе афтæ уырысы хицауад архайдта Ирыстон æмæ Цæгат Кавказы уырыссаг администрацийы æхсæн бастдзинад фидар кæныныл. Хицауад минæвæрттимæ бадзырдта уырысы æмæ Иры æхсæн лымæндзинад тыхджындæр кæныныл, ирон адæмы Уæрæсеимæ баиу кæныны хъуыддæгтæ барæвдз кæныньш. Ирыстоны минæвæрттæ дзырд радтой «по возвращении своем в дома и других осетинского народа к принятию святого и крещения наилутче поощрять и к Российской стороне доброжелательности склонять». Иры минæвæртты зæрдæ тынгдæр балхæныны тыххæй уырысы хицауад нæ ауæрста сæ барæвдауыныл. Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, алы минæварæн дæр зынаргъ сырх сгæлладæй бахуыдтой цухъхъа, стæй хорз дарийæ куырæт хæрдгæхуыдтимæ. Чысыл цауддæр сгæлладæй та цухъхъа бахуыдтой Зурабы фырт Хъанымæтæн. Ног дарæстæ скодтой минæвæртты лæггадгæнджытыл дæр. Минæвæрттæн радтой æхца, лæгæн - 300 сомы, Зурабы фырт Дмитрийæн та дæс туманы, уымæй уæлдай ма Елихановæн «за особливо оказанные по Осетинской комиссии немалые труды и тщание к распространению христианства в тамошней стороне» лæвæрд æрцыд дæс туманы. Æхца æмæ цухъхъатæ. минæвæрттæн радтой Сенаты кадджын æмбырды. Уым сын фехъусын кодтой «оное награждение чиница им во знак е. и. в. высокомонаршей милости и дабы они в приведении осетинского их народа ко благочестию... крайне вспоможение и усердие прилагали, что е. и. в. весьма благодарно быть может». Минæвæрттæ Сенатæн фехъусын кодтой, Ирыстон уæдæй размæ куыд уыд, афтæ дарддæр дæр «Уæрæсейы фарс» кæй уыдзæн, уый. Афтæ ахицæн 392
сты Ирыстоны минæвæртты хъуыдцæгтæ уырысы хицауадимæ ныхасгæнгæйæ Бетъырбухы. Уыцы рæстæгмæ, ома, 1751 азы декабрмæ æвзæрст æрцыд архимандрит Пахомийы хъуыдцаг дæр. Слест куыд равдыста, афтæмæй Кайхосура æмæ игумен Николай гæдыныхæстæ фæфыстой Пахомийыл. Уымæ гæсгæ архимандрит сраст и æмæ Синоды, стæй Сенаты уынаффæмæ гæсгæ, уый Иры иннæ минæвæртгимæ иумæ сыздæхт Ирыстонмæ. Кайхосура æмæ игумен Николай та сæ хахуырдзинады тыххæй баййæфтой æфхæрд: Николай хъалагъуртимæ æрвыст æрцыд Устюгмæ, æмæ йæ уым бакодтой моладзандоны, Кайхосура та баззади гуырдзиаг гусарты полчъы. 1752 азы январы Иры минæвæрттæ сæхи рæвдз кæнын байдыдтой сæ райгуырæн бæстæм. Радтой сын фæндаггаг æхца, хæстон Коллеги та сын семæ рарвыста æхсæз салдаты æмæ иу афицеры. Фæндагмæ сын радтой цыппæрдæс уæрдоны. Уыцы рæстæджы минæвæрттæ Сенатмæ балæвæрдтой сæ фæстаг курдиат. Уыдон куырдтой, цæмæй сын семæ Ирыстонмæ ауадзой се’мзæххон Прокофий Сидамоновы, Мæскуыйы кæуыл сæмбæлдысты, уый. Сенат сразы сæ фæндоныл; Сидамоновæн дæр иннæ минæвæртты хуызæн радтой фæндаггаджы æхца. Уымæй фæстæмæ минæвæрттæ ноджы куырдтой, цæмæй сын бар радтаиккай се’хцатæй Бетъырбухы, стæй Уæрæсейы æндæр горæттæй кæуылты цæудзысты, уым исты дзаумæттæ балхæнынæн. Цалынмæ Бетъырбухы уыдысты, уæдмæ æлхæнгæ дæр бакодтой цыдæртæ æмæ уыдон аласыны тыххæй дæр бар ракуырдтой Сенатæй. Январы фæстаг бонты срæвдз сты сæ хъуыддæгтæ. 1752 азы 28-æм январы Иры минæвæрттæ фæстаг хатт бадтысты Сенаты æмбырды æмæ уым арфæ ракодтой хнцауадæн, хорз сæ кæй суазæг кодтой, дзæбæх цæстæй сæм кæй ракастысты, уый тыххæй. Сенат сын бафæдзæхста, цæмæй уыдон æппæт иннæ ирæтты дæр сразæнгард кæной Уæрæсейы фарс. 1752 азы фыццæгæм февралы Уæрæсейы империйы столицæйæ рараст сты Ирыстоны минæвæрттæ. 393
1752 азы рагуалдзæджы схæццæ сты сæ райгуырæн бæстæм. Æмæ, Астраханæй куыдцæр рахызтысты, афтæ сæ сæхи бар ныууагъта уырысы хицауад, уымæ гæсгæ дзы дардцæр ницыуал документ ис сæ фæндаджы тыххæй. Æнæдиссаг нæу, уый фæстæ уыцы минæвæрттæ цы баисты, уый зонын дæр. Адæм куыд дзырдтой, афтæмæй Бетъырбухæй Ирыстонмæ сыздæхгæйæ, тынг фæрынчын Зурабы фырт Дмитрий æмæ уайтагъд амард. Зураб уыцы зындзинадæн нæ бафæрæзта æмæ уый дæр амард йæ фырты фæстæ. Дыууæйы дæр баныгæдтой Хесы дзуары бын. Тынг æвзæр рауад Хетагов Елисейы хъуыдцаг дæр. Уæлдæр куыд загътам, афтæ бирæ рæстæджы минæвæрттæй ницы хабар хъуысти сæ райгуырæн бæстæм æмæ уымæй фæпайда кодтой кæсгон кънйæзтæ, уыдон атауыс кодтой гæдыныхæстæ, ома, дам, Иры минæвæрттæ бахаудысты ахæстонмæ, æмæ сæ уырысы хицауад амардта, зæгъгæ. Елисейы бинонтæ баууæндыдысты уыцы гæды хабæрттыл æмæ, æстдæсæм æнусы ирон адæммæ цы æгъдау уыд, уымæ гæсгæ йæ ус смой кодта йæ тиумæ. Æстдæсæм æнусы дыккаг æмбисы Ирыстоны стыхджын сты стыр быцæутæ мидбæстон æмæ æддагон знæгтимæ æмæ сæ Уæрæсеимæ цæдис кæй фервæзын кæндзæн, ууыл сæ зæрдæ даргæйæ, ирон адæм ногæй мадзæлттæ агурын байдыдтой уырысимæ сæ ахастдзинæдтæ сфидар кæнынæн. Уый фæдыл уыдон дзурын байдыдтой сæ къамисыуæнгтимæ æмæ, Астраханы цы уырыссаг хицауад уыд, уыимæ. Фæлæ сæ ныхæстæй ницы рауад. Æмæ уæд бамбæрстой, æрмæстдæр уырысы паддзах æмæ хицауадæн сæхиимæ баныхас кæныны фæрцы хъуыддаг саразын сæ къухы кæй бафтдзæн, уый. Æмæ æрмæст уый тыххæй нæ цыдысты Уæрæсемæ. Елихановæй раздæр иу ирон адæймаг дæр никуы никæцы ран уыдис Уæрæсейы зæххыл æмæ йын ницы зыдтой, цавæр бæстæ у, уымæн. Фæлæ Уæрæсеимæ цæдис скæнынмæ та уымæн бæллыдысты, æмæ сæ сыхаг иннæ адæмтæй хъуыстой, уырыс куыд тыхджын сты æмæ сын бахъуаджы сахат куыд феххуыс уыдзысты, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæ гæсгæ бæлвырддæр базонын хъуыд уыцы бæстæ, стæй дзы цы адæм 394
царди, уыдоны дæр, цæмæй раст аргъ скодтаиккой, Уæрæсеимæ цæдис сын цы пайда фæуыдзæн, уымæн. Фæлæ Ирыстонæй Бетъырбухмæ ныццæуын æстдæсæм æнусы æнцон хъуыддаг кæм уыдаид. Ахæм балцы ацæуынмæ сæ ныфс бахастаиккой æрмæст хъæбатыр æмæ ныфсхаст адæм. Æмæ гье ахæмтæ разындысты Ирыстоны фыццаг минæвæрттæ. Бетъырбухмæ сæ ацыд рауад, цыма Уæрæсе ногæй «байгом кодтой», афтæ. Уыцы минæвæрттæ уæд фыццаг хатт уæрæх фæндаг алæгæрстой цæрæнбонты фыдæбойнаг Ирыстонæн Уæрæсейы домбай империмæ. Уæдæй фæстæмæ Ирыстон иппæрд нал уыд «дунейы историйæ». Ирыстон ракъахдзæф кодта стыр фæндагыл. Райдыдта йæ царды ног дуг, ирон адæмы хъысмæт æнæфæхицæнгæнгæ Уæрæсеимæ баст куы æрцыд, уыцы дуг. Æмæ уымæн йæ фыццаг дуртæ хæлардзинады бындурыл æрæвæрдтой ирон адæмы сахъ фырттæ - Магкаты Зураб, Хетæгкаты Елисей æмæ Кутат Батырмырзæ æмæ уымæй равдыстой æцæг стыр сгуыхтдзинад. —<ШЭ>— 395
Дзадтиаты Тотырбег ЗМИСДЖЫН БЫДЫРТЫ Изæрырдæм мах цыдыстæм машинæйы змисджын быдырты. Змисджын быдыртæ... Нæ сыл æххæссы адæймаджы цæст. Ранæй-рæтты дзы фæзыны иугай кæрдæджы хæлттæ. Змисы бæрзонд рæгъты чъылдыммæ мигъ ныббадти Золотаревы хуторыл æмæ нæм нæма зыны. Фæлæ мæнæ æрбахæццæ стæм, Постный хуторы рæзты цы фæндаг цæуы, уымæ. Дыууæ-æртæ азы размæ дæр ма уый уыдис æдзæрæг хъæууаты хуызæн. Быдираг хус дымгæтæ хъазыдысты самандурæй амад æрдæгхæлд хæдзæртты сæртыл æмбæрзт æмбыд хъамылæй. Ныр та дзы нæ цæстыты раз айтынг сты ног уынгтæ, шиферæй æмбæрзт æмæ чъырæйцагьд бирæ хæдзæрттæ. Уыдоны æхсæн уæлдай бæрæгдæр дары скъолайы агъуыст. Нырма йæ æрæджы сарæзтой, æмæ дзы уыцы-иу рæстæг сæ бон ахуыр кæнын у 400 сывæллонæн. Йæ фарсмæ ма ноджыдæр сырæзыд иу ахæм галуан - клуб. Хуторы ныр цæрынц æрлидзгæ адæм - цæцæйнæгтæ æмæ хъазахъхъ. Арæзт дзы æрцыд стурвосы стыр фермæ. - Ам нæ ацæуын хъæуы рахизырдæм, - зæгъы райкомы секретарь æмбал Вариашкин. Шофыр йæ машинæ фæзылдта, зына-нæзына бæрæг чи дардта, ахæм фæндагмæ. Машинæ сындæггай сбырыд скъæлдзойæ æмæ цъылинагæй æмбæрзт рагъмæ. Уырдыгæй та ногæй фæуырдыг кодта чысыл лæнкаумæ. Ам ис иу къаннæг хутор. Адæм æй «фæсивæды городок» хонынц. Нæ размæ рацыд ныллæггомау саулагъз æрыгон сылгоймаг. Йæ хъæбысы сывæллон. Бакодта нæ хæдзармæ. Нæ хæд фæстæ къæсæрæй æрбахызт ацæргæ, фæлæ æвзыгъд æмæ хъæлдзæг цæцæйнаг æмæ загъта: -Уазджытæ æгас цæуæнт! Æз дæн Бикаев, мæ ном - Махмуд. Базрнгæ ут: мæнæ уый мæ бинойнаг у, йæ ном та Хеди хуыйны, йæ хъæбысы цы сывæллон ис, уый та мæ чызг у, Яха йæ хонæм. Мæ фырт Ваха ам нæма ис. Скъолайы вæййы. Мах ам стъорожтæ 396
стæм... Цыппарфондзыссæдз стуры не ’вджид сты. Хуыцау нæ бахизæд бирæгъæй кæнæ æндæр исты бæллæхæй... Алы стуры тыххæй дæр нæ дзуапп дæттын хъæуы. О, дзуапп дæттын! Æмæ сын æхсæв хуыссын не ’мбæлы... - Зæгъ-ма, Махмуд, дæ сыхæгтæ чи сты? Афтæ тынг кæмæй тæрсыс? - Мæ сыхаг хорз лæг у, - фæцырд уый. - Сымах æй нæ зонут? Фома хуыйны. Æмæ уымæй ницæмæй тæрсын, фæлæ ауылты дзæгъæлхæтæг адæм дæр арæх фæцæуы æмæ сæ цæстытæ фосмæ ныддарынц... Мах бамбæрстам, Бикаев кæй кой ракодта, уый Фома Трофимович Плотников кæй у. Æмæ агургæ дæр уый кодтам. Фæлæ ацы змисджын быдырты æнцон нæу, чи дæ хъæуа, уыцы лæджы ссарын. - Æмæ Фомайы уæтæр ардæм дард у? -Нæ, нæ! Бынтонхæстæгу. Ам æддæмæ ацæудзынæ... Уæртæ уым иуварсырдæм фæзилдзынæ, къуыбыртæй ахиздзынæ æмæ уым ис, - йæ къухæй нын ацамыдта Бикаев. - Ныр сымах мæ уазджытæ стут, сбадут, сбуц уæ кæндзыстæм. Бикаевмæ уыдис, мах цæмæй суазæг кодтаид, уый. Пецы сæрмæ къулыл ауыгъдæй лæууыди стад фæхсын, стъолыл - пух дзул, картофтæ, судзаг хал... - Куыд у дæ цард ам? Фермæйы цæцæйнæгтæ бирæ ис? - Куыст нын ис, æууæнк ныл ис, хор - бирæ, дзидза дæр вæййы. Цæцæйнæгтæ дæр дзы чысыл нæй, - тагъд-тагъд дзуапп лæвæрдта Махмуд. - Хъазахъхъ æмæ цæцæн рагæй дæр æфсымæртæ сты... Ныртæккæ та ноджы фидардæр у не ’фсымæрдзинад: чихир иумæ нуазæм, нæ бæрæгбонтæ иумæ æрвитæм, кæрæдзи зæрдæхудты нæ цæуæм... Сабырæй цæрæм! Афтæ у нæ хæлардзинад! Ныр та Терчы дон змисджын быдыртыл анхъæвзта: бынтон схъæздыгуыдзыстæм... Æрталынг. Фæлæ мах уæдцæр Плотниковы уæтæрмæ араст стæм... Арты рухсмæ бафтыдыстæм иу ранмæ. Даргъ, хъамылæй бæстон æмбæрзт уæтæры цур ныл фембæлд æрыгон лæппулæг æмæ нын йæхи бацамыдта: 397
- Джусойты Михал! - Гъемæ хорз дæ хъуыддаг, Михал! Ныр нын фæндаг бацамондзынæ Фома Плотниковы уæтæрмæ. Никуы æрыхъуыстай ахæм фыййауы кой? - У ый та ам чи нæ зоны? Мах æй разамонæг хонæм, новатор, змисджын быдырты фысвосдарыны куысты разамонæг! Фæлæ махмæ дæр бафысым кæнут, - загъта нын уый. Мах дзæбæхдæр базонгæ стæм. Дыууæ азы размæ Михал каст фæци Назраны хъæууонхæдзарадон техникум æмæ, фæском- цæдисонтæ нæузæххытæм путевкæтæм гæсгæ куыд цыдысты, уый та афтæ рацыдис ардæм, змисджын быдыртæм. Акуыста иуцасдæр æмæ базонгæ колхозы сæрдары хæдивæг, хистæр зо- отехник Колпиковимæ. Афанаси Семенович у зæронд ком- мунист æмæ, стыр фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм адæймаг, Ми- хал - цардбæллон æмæ куыстмондаг æрыгон специалист. Сæ ды- ууæ дæр хорз фидыдтой кæрæдзиимæ æмæ тынг балымæн сты. Хъуыддæгтæм лæмбынæг æркæсгæйæ, Михалы бауырныдта, фермæйы дыууæ «хицауы», - сæргълæууæг æмæ зоотехник кæй ницæмæн хъæуы, уый. Иу дзы æгъгъæд у. Зоотехник-специалист. Уадз æмæ уый дзуапп дæттæг уа æнæхъæн фермæйы куысты тыххæй дæр. Искуы дæр ма афтæ уыдис, æмæ рынчындоны сæйраг дохтырæй, медицинæйы æппындæр чи ницы æмбары, ахæм адæймаг куса! Ау, уæдæ фермæйы сæргъы специалист цæуылнæ хъуамæ лæууа? Æмæ йемæ сразы сты. Сразы сты æмæ йын йæхи сæвæрдтой фермæйы хицауæй. Уæдæй фæстæмæ хъуыддæгтæ хуыздæр цæуын райдыдтой: фысты нымæц схæццæ æртындæс минмæ. Уыимæ фарон фермæ паддзахадмæ фæлмæн къуымбил радта 67 тоннæйы æмæ фысы фыд 80 тоннæйы. Бирæ, тынг бирæ пайда райста колхоз фосдарыны куыстæй. Æмæ уæд фæлтæрддзинад та? Афæдзы дæргъы фермæйы иу сæргълæууæгыл хардз кæнын хъуыд æрмæст 12 мин сомы (зæроид æхцатæй), фермæйы дæс сæргълæууæгæн та фидын хъуыд уымæй дæс хатты фылдæр. Цыбырдзырдæй, Джусойты Михалы фæндонмæ гæсгæ, административон æнæхъуаджы куыстæй рауæгъд дæс адæймаджы, æмæ уый руаджы ныр колхоз афæдзы дæргъы фæстауæрц кæны 120 мин сомы. 398
Мах бацыдыстæм мадæл фысты бынатмæ. Даргъ, хорз хъармгонд уæтæры æнæрынцойæ зилæнтæ кæнынц æрыгон хъазахъхъæгтæ - уæрыччытæм зилджытæ Аннæ æмæ Мария Ливерко. Уыдоны фарсмæ зæрдиагæй архайынц цæцæйнæгтæ Харун Магомедов æмæ Резван Мутуев дæр. Ацы дзуджы фыййæутгы хистæр та у гуырдзиаг Павлик Акиашвили. - Цæй, куыд у, Павлик? Цæуыл дæ зæрдæ дарыс азымæг? - Хъуыддаджы сæр арфæйаг у: æртæфондзыссæдз мадæл фысы уал нæм ныззадысты зымæгон æмæ нын радтой 428 уæрыччы. Уый æвзæр нæу! Уæ хорзæхæй, фыййæутты бынатмæ нæм рацæут æмæ, куыд цæрæм, уый фенут. Уæтæрмæ хæстæг ис рухс, сыгъдæг æмæ райдзаст хæдзар. Радиоприемник, чингуытæ, журналтæ, газеттæ, сыгъдæг хуыссæндзаумæттæ хъарм. Нæ размæ цингæнгæ рацыд æрыгон сылгоймаг. Базонгæ стæм йемæ. Уый уыдис ацы хæдзары æфсин - Ефросинья Акиашвили. Йе стъолыл лæууыд Пушкины томтæй иу, уæлвæйнæг та Казбегийы, Акаки Церетели, Илья Чавчавадзейы уацмыстæ... Ефросинья цæстыфæныкъуылдмæ арæвдз кодта стъол. Чанах æмæ урс хæмпус дзул, гуырдзиаг æмæ ирон уæлибæхтæ, цæхджын халсартæ æмæ фиухъæстæ къабусгаджынтæ... Фыййæуттæ æхсæвæр хордтой мамимæ. Уыцы хойраг сцæттæ кодта хæдзары æфсин йæхæдæг, æмæ куыд хæрзад у!.. Æхсæвæры фæстæ мах рацыдыстæм сыгъдæг уæлдæфмæ. Зайгæ-зайыны фыстæм æмæ ногзад уæрыччытæм цæстдарджыты æхсæвы сменæ ацыд уæтæрмæ. Уæдæ куыд?! Æхсæвыгон ноджы лæмбынæгдæрæй æмæ цырдцзæстдæрæй кæсын хъæуы фосмæ ахæм бæрнон рæстæг. Хъуамæ иунæг уæрыккыл дæр зæфцы фыдæй мацы æрцæуа... * * * Скодта диссаджы рæсугъд райсом. Арв уыцы ирдæй лæууыдис нæ сæрмæ. Дыууæ рагъы æхсæн лæнчы айтыгъд фосы уæтæр. Уый биноныг æмбæрзт уыдис хъамылæй. Фыййæуттæ йын йæ къулты æмбуар хъæмпæй скодтой дывæрццыгтæ. Чысыл фалдæр хибарæй лæууыди шиферæй æмбæрзт чысыл агъуыст, 399
чъылдыммæ та - æрдæгæхгæд стыр дзыхъхъ, йæ хуылфы- нартхоры силос. Хæрзхаст фыййау куыйтæ бафиппайдтой æцæгæлон адæмы æмæ сæ рæйынæй нал æмæ нал æнцадысты, фæйнæрдæм тыдтой сæ рæхыстæ. Нæ размæ чи рацыд, уыцы ныллæггомау бæзæрхыг хъазахъхъаг сыл схъæр кодта, æмæ уæд ныхъхъус сты, хъуыр- хъуыргæнгæ æрхуыссыдысты сæ бынæтты. - Кæсыс адонмæ, бастæй сæ куы дарын, уæдæй нырмæ бынтон схъæхъхъаг сты, - йæ дзыхыдзаг ныххудти хъазахъхъаг æмæ нын салам радта. - Дæу агурæм, Фома Трофимович! Базонгæ ут. Мах кæрæдзи къухтæ, рагон зонгæтау, зæрдиаг æлхъывд ныккодтам. Фыццаг бакастæй дæр нæм Плотников ныфсджын. фендджын адæймаг фæкаст. Фæлæ мах нæ тагъд кодтам, уый йæ царды æмæ йæ куысты хабæрттæй фæрсыныл. - Уæ иузæрдион хæлæртты бастæй цæмæн дарут? Фыййæуттимæ сæ дзугтæ хизынмæ цæуылнæ уадзут? -Гъе-е, мæ лымæнтæ, у ымæн нын æфсон ис, ахсджиаг æфсон,— загъта Плотников æмæ цавæрдæр хин цæстæнгасæй æрбакаст махмæ, цыма нæ афтæ бафæрсынмæ хъавыд: «Нæ мæ æмбарут?» Куыйтæ хъуамæ дзугты хъахъхъæной æмæ фыййæуттæн æххуыс кæной æхсæв дæр æмæ бон дæр. Плотниковмæ та æндæр æгъдау ис. Цавæр æгъдау у уый æмæ цы пайда дæтты? Лæг иуцъусдуг цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй дзуапп радта: - Æз рагæй хъуыды кодтон иу хъуыдцагыл: цæмæн фефтауынц фыстæ? Хабар афтæ у. Быдырты æмæ сæрвæтты бирæ вæййы дзæгъæлдзугæнæг сырдтæ æмæ мæргътæ. Уыдон бамбæхсынц хæмпæлы, хъамылы æмæ сæ куыйтæ куы бафиппайынц, уæд сыл сæхи ныццæвынц. Фыстæ фæтæрсынц æмæ æддæг-мидæг ауайынц, цæвынц кæрæдзи... Гъе афтæмæй дзы хаттæй-хатт бирæтæ фефтауынц... Мæхи цæстытæй федтон: иу ахæм рæстæджы фæстæ замманай дыууæ фысы ныззадысты цыипар мард уæрыччы... Уынут, ахæм заманты нын куыйтæ цас пайда хæссынц, уый! Къутæры бынæй чи рагæпп ласа æмæ 400
зуджы æхсæн чи смидæг уа, уыцы тæрхъусы æрцахсынæй дзæбæхдæр ма цы уа? Гъе, фæлæ йæ куыйтæ сæ разæй куы стымбыл кæнынц, уæд фос та тæрсгæ фæкæнынц, æмæ уый тынг æвзæр у. Уыдæттыл ахъуыды кæнгæйæ, æз скарстон афтæ: боныгон куыйты дзугтимæ уадзæн нæй. Æхсæвыгон та уадз æмæ сæ куыст кæной! - Уымæй ды хорз бакодтай, Фома Трофимович! - Уæдæ куыд! Мах ныртæккæ бирæ цæуылдæрты хъуыды кæнын хъæуы. Сæйрагдæр та у фосы пайда сбирæ кæнын!.. Мадæл фысты мыггаг нæ раивын хъæуы... «Мадæл фысты мыггаг раивын хъæуы!» Цымæ йæ зæрды цы бакæнын ис кæнæ цы аразы уыцы хъуыдцаджы фæдыл? Мах бацыдыстæм Плотниковы уæтæрмæ. Уый уыдис афтид. - Фыстæ сæрвæтты сты, - загъта хистæр фыййау æмæ нæ разæй бахызтис мидæмæ. Бакодта нæ иу къуыммæ, æхсæвы чи ныззад, цалдæр ахæм фысы кæм уыд, уырдæм. Фыстæ уыдысты нард, хæрзхаст, алкæйы фæдыл дæр дзы - дыууæ æнæниз, ас уæрыччы. - Адон афæдзы дæргъы дыккаг зад чи кæны, уыцы мадæл фыстæй сты. Иван Малашенкойы хъуыдыйæ мæ хъуыды иуцасдæр æндæрхуызон у, - йæ ныхасыл ма бафтыдта Фома æмæ нын дарддæр дзырдта йæ хъуыдцæгтæ. Мах зыдтам Иван Малашенкойы, фехъуыстам ын йе стыр сгуыхтдзинæдтытыххæй дæр. О, фæлæмауыцысгуыхтдзинадмæ цы бафтауинаг у Фома Плотников? Йæ æрдз æмæ биологион миниуджытæм гæсгæ фыс афæдз иу хатт йеддæмæ нæ зайы. Плотниковы къухы та бафтыд, фыстæ афæдз дыууæ хатты цæмæй зайой, афтæ бакæнын. Мах æрлæууыдыстæм хæрзмыггаг фырты цур. Уыдон сæ хъоппæг цæстытæй кастысты махырдæм. Суанг зæхмæ æххæссыди сæ хъуын. - Фыртæ нæ, фæлæ æнæхъæн уæйгуытæ! - хъазгæйæ бафиппайдта чидæр. - Уæйгуытæ кæд не сты, уæддæр дзы алчидæр æнæхъæн центнер ласы! Уартæ се’ппæты къаддæр æмæ мæллæгдæры уæз У 75 килограммы, - йæ мидбылты бахудт Фома Трофимович 26 401
æмæ йæ къухтæ ахаста «тæккæ мæллæгдæр» фырыл, стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта: - Нæхи хъомылгонд «уæрыччытæ» сты, æлхæнгæ сæ нæ бакодтам. - Æмæ къуымбил та? Уæ фыртæй бирæ æрæлвынут фæлмæн къуымбил? - Ссæдзгай килограмтæй фылдæр. - Гъе, уый хъуыддаг у, гъе! Æмæ къуымбилы килограммæй цас райсут? - Адоны къуымбил тынг хорз у. Ног æхцатæй дзы алы килограммæн дæр паддзахад 5 сомы æмæ æртæ абазийы фиды. Мæ дзуджы цы къуымбил сæлвынæм, уый комкоммæ ласт цæуы фабрикæмæ... Ницы фау æрхæссæн æм вæййы... Афтæ хуыздæр æмæ пайдадæр у! - Искуыдæр-ма нæ! Æмæ уæд уæ фыстæ та цас къуымбил дæттынц? - Уыйбæрц бирæ нæ, - дзуапп радта фыййау, - фæйнæ цыппар-фондз килограммы. Исгæ та сæ хъуамæ фылдæр кæнæм æмæ уый нæ къухы æфтгæ дæр бакæндзæн. - Кæд уæ Плотниковы фыййæутты бригады куысты тыххæй фылдæр æмæ бæлвырддæр базонын фæнды, уæд уын æз радзурдзынæн, - ныхас йæхимæ райста Колпиков.- Фæнды уæ? - Радзур-ма, дæ хорзæхæй... Уый хъуамæ диссаг уа! Хистæр зоотехник йæ хызынæй систа рæсугъд листовкæ æмæ йæ райхæлдта: - Дæ хорзæхæй, мæнмæ дын бæлвырд нымад бæрæггæнæнтæ, Плотниковы дæс азы куысты бæрæггæнæнтæ! Дæс мин уæрыччы, дыууадæс æмæ ссæдз тоннæйы тинтычъийы хуызæн фæлмæн уæргъуынтæ Уыдонæй фабрикæтæ тæбын хъуымæцтæ бауæфтой æстдæс æмæ ссæдз мин метры! Ахъуыды-ма кæнут уæхæдæг: 700 мадæл фысы æмæ цыппар фыййауы дæс азы дæргъы уыйбæрц пайда раттæнт!.. - Зæгъ-ма, Фома Трофимович, ды коммунист дæ? - Коммунист, раст зæгъын хъæуы, æрыгон коммунист... - Уый хорз! Куыд æмæ цæмæй сæмбæлинаг стут партийы XXII съездыл? 402
- Хъæлдзæгæй, январы Пленумыл куыд хъæлдзæгæй сæмбæлдыстæм, афтæ, - загъта Фома Трофимович. - Пленумыл та, цыма, æгуыдзæгæй нæ сæмбæлдыстæм, афтæ мæм кæсы. фарон нæ бригад æвзæр нæ бафæллой кодта! - Стьарапойлаг сгуыхт кусæг Иван Малашенкойы бафæзмгæйæ, Плотниковы бригад фарон рахызт фыстæ афæдз дыууæ хатты зайын кæныны æгъдаумæ, - загъта зоотехник. - Фыццаг фæлварæн: 227 мадæл фысы афæдзы дæргъы ныззадысты дыууæ хатты æмæ радтой 500 уæрыккæй фылдæр, æнæхъæн дзуджы та алы 100 фысы дæр ныззадысты 174 уæрыччы. Бригад фысæй къуымбил сæлвыдта 6,5 килограммы. Уыимæ фосыл æппындæр ницы зиан æрцыд. Куы ма уын дзырдта, зайыны рæстæг нæ фосы суанг куыйтæй дæр ма хъахъхъæдтам. - Æмæ уæд ацы аз та уæхимæ цавæр хæстæ райстат, Фома Трофимович? - Ацы аз? Нæ дзуджы ис 700 зæддаг фысы. Афæдзы дæргъы уыдон хъуамæ иууылдæр ныззайой дыууæ хатты. Уыимæ, алы 100 фысæй дæр хъуамæ æппынкъаддæр райсæм æмæ бахъахъхъæнæм 230 уæрыччы. Нæ зæрды ис уый тыххæй концентрацигондхоллæгтæнæхардзкæнын. Фос, фароныхуызæн, дардзыстæм хуымæтæджы уавæрты, æнæ уæлдай хæрдзтæй. Малашенкойы бригадимæ абаргæйæ, ацы хъуыдцаджы мах стæм æндæрхуызон... Стæй-ма нæхимæ райстам, мин нæл фысы кæм ис, ахæм дзуг. Фыййæутты нымæц нæ фæфылдæр уыдзæн, афтæмæй зилдзыстæм уыцы дзугмæ дæр. Къуымбилы тыххæй куы дзурæм, уæд ам дæр нæ хæстæ бæлвырд сты: алы фысæй дæр хъуамæ сæлвынæм 6,7 килограммы. Гъе афтæ архайæм, нæ бригад коммунистон фæллойы коллектив цæмæй суа, ууыл. Ахæмтæ сты нæ хæстæ партийы XXII съезды номыл. - Хорз, иттæг хорз, Фома Трофимович!.. Гъеныр-ма нын дæхи æмæ дæ бинонты царды тыххæй исты куы радзурис. - Цы ма уын радзурон, нæ зонын... Цомут нæхимæ æмæ уым аныхас кæндзыстæм. Фыййæуттæ кæм цæрынц, уыцы сыгъдæг æмæ райдзаст уаты мах хъуыстам радиоприемникмæ. Хъусын кодтой цавæрдæр хъæлдзæг концерт. 403
- Уарзын, æнæкæрон бирæ уарзын зарджытæ! Уæлдайдæр та чызджыты зæлланггæнаг хъæлæстæ!- фæцырд Плотников. - Фронты куы уыдтæн, уæддæр сæ-иу арæх мысыдтæн... Фæлæ ныр дæр нæма бафсæстæн музыкæмæ хъусынæй. - Æмæ фронты дæр уыдтæ? - Уыдтæн! - арф ныуулæфыдис Фома Трофимович æмæ цавæрдæр сæрыстырдзинадимæ дзырдта дарддæр: - Разведкæйы уыдтæн, Смоленскы тар хъæдты мæ партизантимæ ацæрын дæр бахъуыд... Доватормæ службæ кодтон, хæст та мын Плийы- фырты æфсæдты хъазахъхъагæй ахицæн. Ехх, сымах нæ зонут, уыцы хъæбатыр инæлары цас бауарзтон, уый... Плиты Иссæйæ уын зæгъын. Æцæг салдаты зæрдæ йын ис уымæн! Æцæг хъазахъхъаг! - Иссæйы мах дæр зонæм, фæлæ ды та йемæ куыд базонгæ дæ? - Уый æгæр диссаг уыди, - бахудти Плотников. - Прагæмæ хæстæг бырстам размæ. Цыдæр къуылымпыдзинад рауад. Кæмдæр разæй нæ танктæ ныллæууыдысты. Мах, бæхджын æфсæддонтæ дæр нæ бæхты æрурæдтам. Сармадзанты æмæ минометты нæрынæй зæхх æнкъуысти, фæйнæрдæм фаркгай хаудта, сыгъди... Хæст нæ, фæлæ - зындон... Кæсын, æмæ нæ иу машинæ æрбаййæфта, æмæ дзы рагæпп кодта инæлар, йæ уæлæ фæныкхуыз пæлæз. Нæ командыгæнæг Плийы-фырт кæй уыдис, уый хорз зыдтон, фæлæ йæ цæсгомæй-цæсгоммæ никуы федтон. «Гъей, хъазахъхъаг, дæ бæхæй-ма рагæпп лас!» - загьта уый хæларау. Мæнæн мæ уæнгтæ барызтысты æмæ ахъуыды кодтон: «Цæмæн бахъуыдтæн æз инæлары?» Рахызтæн мæ бæхæй. Мæ зæрды уыд æгъдæнцойыл фæхæцын, фæлæ нæ фæцарæхстæн: цæстыфæныкъуылдмæ инæлар абадт бæхыл, басхуыста йын йæ фæрстæ, размæ фатау атахти, фæлæ ма йын йæ ныхæстæ мæ хъус ацахста: «Хъазахъхъаг, дæ бæхмæ ам æнхъæлмæ кæс!» Гъеныр, гъе, зæгъын, бабыни лæг, зындоны артдзæсты йæхи къæхтæй смидæп Куыд зыны, афтæмæй хорз инæлар у, уыцы æнаккæгтæ - гитлеронтæ йæ куы амарой, уæд тæригъæд у». Цалынмæ афтæтæ хъуыды кодтон æмæ тамако дымдтон, уæдмæ кæсын, æмæ мын иу салдат мæ бæхы æрбаласта. «Куыд у инæлар? 404
Æгасæй баззад?» Салдат йæ дзыхы дзаг ныххудти æмæ загъта: «Гъеныр ды худæджы хъазахъхъаг нæ дæ! Уый Плиты Иссæ у, нæ командыгæнæг... Сæрæгас у! Диссæгтæ кæны фронты раззаг рæнхъыты...» «Гъе, уый дын хъуыддаг, гъе». Прагæ райстам æмæ абырстам Балатонырдæм. Прагæйы фале ис иу ахæм цад. фашистон æрдонгтæ уым æрфидар сты. Фæлæ сын мах уым сæ хæйрæджы ном зæгъын кодтам... Æниу уын æй цы дзурон, уæхæдæг дæр сæ фехъуыстат, цытæ дзы æрцыд, уыдон... Уый фæстæ мын хæрзиуæг радта, бафарста мæ мæ бæхæй, мæ бинонтæй. Гъе, афтæ базонгæ стæм Иссæимæ. - Æмæ дын бирæ бинонтæ ис? - Нæ, уыйбæрц бирæ не стæм.. Æз мæхæдæг дæр ацы зæххыл бирæ нæма ацардтæн... Æвддæсæм азы гуырд дæн. Гъе, фæлæ мын авд сывæллоны ис - фыййæутты æнæхъæн дыууæ бригады фаг! Рæзынц, дæлимонтæ! Ницæмæй хъуаг сты, ницæмæйтыхст сты. Худæджы æмæ цины дзæкъултæ! - Скъоламæ цæуынц? - Уæдæ куыд! Колхозы алчидæр йæ фæллойæ райгонд у, никæйы зæрдæхудты цæуынц. Алы мæй дæр æз мæхæдæг мызд райсын дæс æмæ ссæдз туманы бæрц. Фыййауæн уый чысыл мызд нæу: нæ рæбынтæ дæр афтид не сты. Плотников дарддæр кодта йæ бинонты хабæрттæ, фæлæ йын йæ ныхас æрдæгыл фескъуыдта Афанаси Семенович. Уый загъта: -Сымах зонут, Плотниковмæ гæсгæ бинонты æмæ æхсæнады хъу ыддæгтæн иумæ хæццæ кæнæн нæй. Зонут, Фома Плотннковы коммунистон фæллойы бригад цы егъау хъуыддæгтæ аразы, уый? Раст зæгьын хъæуы, нырма бригадæн ахæм кадджын ном лæвæрд нæма æрцыд, фæлæ йæ æз уæддæр коммунистон хонын, уымæн æмæ æцæгдзинадæй ахæм у! Афанаси Семенович райста ручкæ, йæхимæ хæстæгдæр æрбакодта тетрад æмæ нымайын райдыдта. - Уæдæ афтæ, - загъта уый. - Нæ колхозы фермæты ис 15 мин мадæл фысы. Æмæ иууылдæр Плотниковы куы бафæзмæм, уæд алы аз дæр исдзыстæм æппынкъаддæр дæс æмæ ссæдз мин уæрыччы. Уый иунæг колхозы, æнæхъæн районы та афæдзы 405
дæргъы нæ бон бауыдзæн 200 мин уæрыччы райсын! Æмæ уæд республикæйы та? Ахъуыды-ма кæнут! Гъе уый уын фыдызгъæл æмæ къуымбил сбирæ кæныны æвидигæ фадæттæ! - Æмæ уын цы æфсон ис афтæ нæ бакæнынæн, æмбал хистæр зоотехник? Нырма уæм ацы хъуыддаджы Фома зыбыты иунæг у! - Фæлтæрддзинад нæм нæ уыдис, - æфсæрмыхуызæй дзуапп радта Колпиков.- Плотников дæр ахæм фæлварæнтæ кæнын бынтон æдасæй нæ райдыдта. Фæлæ бæрæггæнæнтæ æвзæр нæ рауадысты. Нæ цæстыты раз ивд цæуы фысты мыггаг. Уый у зоотехникæйы уæлахиздзинад. Ныр ныфсджынæй ацæудзыстæм нæ разамонджыты фæдыл. - Зæгъ-ма, Фома Трофимович, куыд æфтынц уæ къухы уыцы хъуыдцæгтæ? - Сусæгдзинадæй нæм ницы ис5 - загъта Плотников æмæ иу цъу сду г цæу ылд æр ахъу ыды кæныны фæстæ дзырдта дарддæр: - Цыбырæй йæ куы зæгъæм, уæд фыццаджы-фыццаджыдæр кæнын хъæуы æнæзæрдæхудт æмæ разæнгард фæллой. Уый иу! Дыккагæй та, иттæг хорз сæвæрын хъæуы фосмæ зилыны куыст, стæй, раззагдæрты фæлтæрддзинадæй арæхстджынæй пайда кæнын хъæуы... Æризæр. Фысты дзугтæ сæрвæттæй æрбаздæхтысты уæтæртæм æмæ, алыхуызон хъæлæсы уагæй уасгæйæ, агуырдтой сæ уæрыччыты. Миты хуызæн урс-урсид, къæбæлдзыг уæрыччытæ ракалдысты сæ мадæлтæм. Куыд бирæ æмæ куыд иухуызон сты! Фæлæ дзы ничи ивддзаг кæны йæ мады. Цы ма уа уыдонмæ кæсынæй æхсызгондæр æмæ дзæбæхдæр! - Цæй, мæ зынаргъ уазджытæ, ныр та уæ æз базонгæ кæндзынæн ме’мдзугæнæг хæлæрттæ æмæ иузæрдион æмбæлттимæ, - загъта Плотников æмæ нæ разæй араст фыиййæутты ’рдæм. Фыццаджыдæр нæ базонгæ кодта ацæргæ, сырхуадул фыййауимæ. Уый йе ’ккойæ æриста фысахсæн даргъ лæдзæг æмæ нын райста нæ къухтæ, зæрдæхæлар худтгæнгæ. - Бекъойты Саукуыдзы фырт Уырысби, - зæгъы Фома. - Хохаг лæг у, рагон æмæ фæлтæрдцжын фыййау... Агургæ æмæ æнаргæ адæймаг... Гъе, æрмæст æм иу хъуагдзинад ис - иунæг 406
минут дæр æнæ фыстæ нæ фæразы. Фос зайын куы райдайынц, уæд та йæ хуыссæг бынтон фæлидзы... - Зæронд лæджы афтæ тынг цы стауыс, Фома, фæлтау сын иннæты тыххæй рахабæрттæ кæн, - æфсæрмыхуызæй загъта фыййау, иуварсырдæм азылди æмæ схъæр кодта, уæрыччы йæ мады дæйын чи нæ уагъта, уыцы фыдуаг сæгъыл. - Мæнæ уын уый та Трофим Росланбеков, - амоны нын Фома иннæ фыййаумæ. - Æрыгон хъазахъхъаг. Хæсты нæ уыдис: æгæр æрæгмæ райгуырд, фæлæ хорз, æнæрцæф хъазахъхъаг у! Йæ биографи нырма цыбыр у: скъола, фосы дзугтæ æмæ змисджын быдыртæ... Нæ зæрдæ дарæм, хъæздыг биографи йын кæй уыдзæн, ууыл. Уый фæстæ мах бацыдыстæм фыдхуызгомау ацæргæ фыййаумæ. Уымæн йæ хъæбысы уыдис дыууæ урс уæрыччы. - Уый та уын Кердыхъоты Æмзоры фырт Дмитри. Нæ бригады тæккæ сабырдæр æмæ æдыхстдæр адæймаг. Ирон лæг. Куыд уынут, афтæмæй æрыгон нал у, фæлæ куысты та - æрцындзæй уæлдай нæу. Хъуыддаджы тыххæй суанг арты дæр йæхи баппардзæн... - Бахатыр кæнут, мæ къухтæ уæгъд не сты, - къæмдзæстыгхуызæй бахудтис Дмитри. - Нæ фысты дзуджы дæр ис мад-хъæбатыртæ, - хъазы фыййау. - Уартæ уыцы фысы уынут? Цыппар уæрыччы ныззад, афтæмæй йын дыууæ фæдæджы йеддæмæ нæй: дыууæ уæрыччы дæйынц, иннæ дыууæйыл та уал фæхæцын хъæуы... - Гъеныр та мæ фæнды сымах мæ ахуыргæнæгимæ базонгæ кæнын, - æхсызгонæй загъта Плотников æмæ нæ бакодта ныллæггомау, фидæрттæарæзт, цырддзаст æмæ иуцасдæр зæбулрихи зæронд лæгмæ. - Егор Максимович, уымæн дæр йæ мыггаг Плотников у. Æнусы цыппæрæмхайы дæргъы фыййау фæцыди, ныр æй кад æмæ радимæ афæндараст кодтам колхозон пенсимæ. Фæлæ æнæрынцой адæймаг у æмæ фæстæмæ ам æрбалæууыд. Бæрнон рæстæг, дам, у, фыстæ, дам, зайын райдыдтой. Цом, æмæ дам, фенон, мæ ахуыргæнинаг куыд арæхсы, уый. Бакæсон, дам, æм. Æмæ йæ ардыгæй йæ къах нал 407
хæссы! Нал æй фæнды сæхимæ ацæуын. Ам, дам, хъæлдзæгдæр у, нæхимæ та, дам, мын нæ зæронд бустæ кæны... - Цæй, куыд у, Егор Максимович, ахуыргæнæг ахуыргæнинаджы хъуыдцагæй разы у? - Уæхæдæг куыд уынут, афтæ! - йæ къухы æнгуылдзтæй йæ зачъетæ асхъаугæйæ, загъта уый. - Фома ахæм æгуыдзæг нæу! Стæй заман дæр ныр æндæр у: колхоз тынг схъæздыг, ссæдз милуанæй йæм фылдæр æфтиæгтæ æрбацæуы!.. Мах, фыййæуттæ, сыгъдæг уæлдæфмæ афтид армæй куы хуыссыдыстæм, ахæм рæстæг дæр уыдис. Ныр та кæсут, цавæр хæдзары æмæ куыд цæрынц, уымæ. Фыййæуттæ никелæй ахуырст цъæтджын сынтæджытыл хуыссынц. Абана, музыкæ, радио, чингуытæ, хъæздыг фæллойбон... -=<©8©>=- 408
Бадоаты Хъазбег БАЗОНГÆ УТ: БÆДТИАТЫ БАРИС Кæй кой ракæнынмæ хъавын, уый у рæстæмбисæй бæрзонд- дæр лæппу, лыстæджытæ арæзт, гуырвидауц, йæ хурсыгъд цæсго- мыл - худæндзаст, алахуыз цæстытæ. Æппæты фыццаг ыл фем- бæлдтæн Æрхонкæйы; бæлццон арæзтæй сæ хъæуы фæсивæд- имæ машинæйы бадтысты. Иу чызг фæндырæй цагъта, иннæтæ та йын йæ цагъдмæ хъырнгæ кодтой, афтæмæй уайтагъд фæраст сты сæ фæндагыл. Дыккаг бон æй федтон горæты фæсивæды ре- спубликон фестивалы. Фæстæдæр та йемæ базонгæ дæн совхоз «Нарты» быдыры. ...Фарныхъæуæй хурныпуылæнырдæм куы ахизай, уæд райдайынц совхозы хуымтæ - цæхæра, картоф, нартхор... Иу райдзаст уалдзыгон бон бафтыдтæн ацы быдыртæм, совхозы фыццæгæм хайы сæргълæууæг Хуыдиаты Амырханимæ. Хур йæ тынтæ æнæвгъау уагъта зæхмæ. Бонрæфты сабыр уæлдæфы алы рæттæй дзæбæх хъуысти тракторы гуыв-гуыв, фæллойы зарæджы хуызæн. Уый - æфсæн уæйгуытæ культиваторты цыргъ æвзæгтæй хæмпæлгæрдæг сафынц, зæхх фæлмæн кæнынц. - Мæнæ уыдон сты Бæдтиаты Барисы звенойы зæххытæ. Акæс-ма уыцы квадраттæм, акæс, куыд æмраст сты алырдæм дæр! Нывгæнæджы кондау, - загъта Хуыдийы-фырт æмæ бæхы рохтыл йæхимæ æрбахæцыд. Æз уайтагъддæр фембæрстон: уыдон, кæй зæгьын æй хъæуы, Барисы конд квадраттæ сты! Уый размæ Орджоникидзейы районы разамонджытæ æрæмбырд кодтой механизаторты, колхозты æмæ совхозты разамонджыты, уалдзыгæнд тауыны куыстытæ куыд ацыдысты, ууыл æрныхас кæнынмæ. Æмбырд сарæзтой колхоз «По заветам Ильичайы» раззагдæр бригады быдырон станы. Æмбырды размæ адæм азылдысты бригады быдыртыл. Хорз куыстгонд уыдысты, уæлдайдæр та гæны æмæ Цæхæрайы хуымтæ. Федтой, нартхоры быдырты квадраттæ кæм куыд равзæрдысты, уый дæр. 409
- Кæсут, квадратгай-дзыгуыргай куыд тауын хъæуы нартхор, уымæ, - уæд цингæнгæйæ дзырдтой районы разамонджытæ. Раст зæгъгæйæ, фысымтæ - колхоз «По заветам Ильичайы» разамонджытæ - куыд æнхъæл уыдысты, сæ квадратгæ уазджытæи ахæм бæллиццаг нæ фæкастысты. Чи зоны, æнарæхст механизаторы аххосæй культиваторы æфсæнтæ рæнхъытæм баирвæзтысты æмæ нартхоры æвзартæ бындзарæй алвыдтой, йе та, чи зоны, тауæджы аххосæй ранæй-рæтты рæнхъыты уыди бирæ æнæвзар бынæттæ. Кировы номыл совхозы директор Магкæты Хъасболат санчъехæй абæрстытæ кодта æмæ, дзыгуырæй дзыгуыры æхсæн æнæхъæн цыппар-фондз метры кæм уыди, ахæм рæттæ дзы арæх разынд. Уæд æз дæр уым уыдтæн, æмæ мын ныр Хуыдийы-фырт уыцы колхозы квадраттæ мæ зæрдыл уымæн æрлæууын кодта. - Бæдтийы-фырт хæдæфсарм адæймаг у, йæхи кой никуы ракæндзæн,- дзырдта ме ’мбал, бидаркæйæ куы рахызтыстæм æмæ фæлмæн хуымгæнды рæсугъд квадратты æвзæрдмæ куы кастыстæм, уæд. Æмæ, æцæгдæр, диссаджы хорз байтыдта Бæдтиаты Барисы звено йæ нартхоры хуымтæ: кæцырдæм акæсай: дæргъмæ, цæхгæрмæ, зулмæ - алырдæм дæр топпы фаты хуызæн расг рæнхъытæ. Алы бын дæр дыууæ-æртæ æвзары. Æрхонкæйы колхозы квадраттæй рæсугъддæр. Барисæн йæхи баййæфтам хуымы иннæ кæрон. Фыццаг культиваци кодта хуымтæ цæхгæрмæ. Цæмæй йæ куыстæй ма фæиртасон, уый тыххæй йæ фарсмæ сбадтæн тракторыл. Куыд никуы федтон, тракторист, комбайнер кæнæ шофыр йæ машинæ куыд тæры, уый. Фæлæ, æвæццæгæн, афтæ зæрдиагæй йæ развæндагмæ фæкæсы, таугæ кæнæ культиваци чи фæкæны, æрмæст уыцы механизатор. Æмæ йын æнæ афтæ кæсгæ дæр нæй: æрмæст уылынджы æрдæг дæр йæ тракторы цалх хаххæй фæзилæд таугæйæ, уый йеддæмæ квадрат фæзылын уыдзæн. Квадрат раст куынæ уа, уæд та йын механизмтæй кусæн нæй. ...Тыллæг. Нартхоры тыллæг! Уый ног хъуыддаг нæу ирон зæхкусæгæн. Фæлæ ныртæккæ партийы январы Пленум бæстæйы хъæууон хæдзарады размæ ног хæстæ æрæвæрдта нартхоры 410
æрзад фæфылдæр кæныны тыххæй. Уыцы ныстуан сæххæст кæныны сæраппонд Барисы звено бацыди æппæт Уæрæсейы механизацигонд звеноты ерысы. Цас сын фылдæр бантыса уыцы ерысы, уыйас звенойы уæнгтæ рухсдæр цæсгомимæ сæмбæлдзысты партийы XXII съездыл. Ахæм хъуыдытимæ фæллой кæны абон совхоз «Нарты» зæххыл Бæдтиаты Барисы звено. СЦКП-йы Орджонииидзейы райкомы секретарь Калоты Георгиимæ куы ныхас кодтон, уæд мын уый Барисы тыххæй афтæ загъта: - Алы куыстмæ дæр тынг гæрзарм адæймаг у. — Æмæ уый мæн дæр бауырныдта, йæ куыстытимæ йын куы базонгæ дæн, уæд. Хуымæтæджы хъæуккаг лæппу. Йæ гыццылæй фæстæмæ йæхи сбаста хъæууон хæдзарады машинæтимæ. Йæ хъазуатон фæллойы руаджы абон у сæ хъæуы кадцжын адæмнмæ нымад. Йæ хорзы кой кæнынц æгас районы дæр. Районы Кады фæйнæгыл раззагдæр адæмы æхсæн конд ис йæ хуызист. II Бæдтиаты Барис-иу йе’мгæрттимæ арæх хъуыста хистæрты таурæгътæм, сæ фыдæлтæ Дæргъæвсы комы хъизæмар цард куыд кодтой, «Къæхты сæры» тæссæрттæ фæндагыл галуæрдæтты кæнæ хæрæгуаргъыл быдырæй хор куыд ластой, уый тыххæй. Ныр йæхи куыстгонд уæрæх быдыртæм куы акæсы, уæд йæ зæрдæ барухс вæййы. Йæ зæрдыл æрлæууынц йæ сабийы бонтæ. Раст зæгъгæйæ, бирæ рæвдыд нæ баййæфта гыццылæй. Йæ мад æмæ йæ фыд колхозы куыстой, афтæмæй фондз сывæллоны хъомыл кодтой. Æнцон сын нæ уыди, фæлæ уæддæр фидарæй загътой, нæ цоты сахуыр кæндзыстæм, нæхи хуыэæн куырмæй куыннæ баззайой, афтæ. Æмæ сæ ахуырмæ æрвыстай. Уалынмæ хæст ралæууыд. Адæмæн сæ сабыр цард фехæлд. Иннæтимæ Барисы фыд Бæдтиаты Алисо дæр ацыди хæстмæ, нæ бæстæ фашистон оккупанттæй бахъахъхъæнынмæ. - Цæй, лæггаг, дæу хæдзары хицауæй уадзын,- æрмæст ма уыцы ныхас загъта фыд, йæ лæппуйæи, хæстмæ цæугæйæ. 411
Мад куыдта, йæ мой хæстмæ куы ацыд, уæд. Куыдта, йæ фондз сабийы куыд хæсдзæни, уый сагъæсæй. - Цæуыл кæуыс, дзыцца? - загъта Барис, сæрæн лæджы хуызæн, афтæмæй йыл уæд цыди æрмæст 14 азы. - Стыхсын дæ нæ бауадздзынæн... Æз колхозы кусдзынæн. - О, мæлæты хабедзен! — фæлмæн бахудти мад æмæ куатæйы фæдджийæ йæ цæстысыгтæ асæрфта. - Фендзынæ! Зын куыннæ уыдаид ахуырмондаг лæппуйæн йе скъола ныууадзын, æвдæм къласмæ куы бахæццæ, уæд. Фæлæ æндæр хос нæ уыди. Алисо колхозы куыста бæхтæй. Фыд хæстмæ куы ацыди, уæд дыккаг бон йæ фырт правленимæ бацыд æмæ бафарста: - Мæ фыды бæхтæ мæм нæ раттиккат? Æз сыл кусин. Уый æндæр рæстæг куы уыдаид, уæд ахæм æнахъом лæппуйы бар колхозы дыууæ бæхы чи бакодтаид. Фæлæ уыцы бонты хуыздæр гæнæн нæ уыди. Ас адæм иууылдæр цыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. Сæ бæсты куысты баззадысты сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ сывæллæттæ. Барис дæр бацыдис æмæ æрлæууыд йæ фыды бынаты. Фæлæ бæхтыл кусын нæ уыди йæ бæллиц. Уый рагæй дæр уарзта трактор. Бæдтиатæ колхозы кæртмæ хæстæг цардысты. Йæ уроктæй æмæ хæдзары куыстытæй æвдæлон рæстæ-иу скъоладзау лæппу уым балæууыд æмæ зæрдиагæй касти, трактористтæ се’фсæн бæхтæ куыд цалцæг кодтой, куыд сыл-иу сбадтысты æмæ куыстмæ куыд араст сты, уымæ. Цымыдис лæппумæ уæд афтæ кастис, цыма трактор скъæрынæн ницы уыйас дæсныдзинад хъæуы. Трактористтæн сæ дзæвгар фылдæр хай раздæр прицепщик- тæй куыстой. Уымæй райдыдта Бæдтиаты Барис дæр... ...Рагуалдзæг МТС-æй колхозмæ æрбадзырдтой: «Ахсæв трактортæ хуым кæнынмæ куыд рацæуой, афтæ». Колхозы разамонджытæ катайы бацыдысты: «Цы чындæуа, прицепщиктæ куынæ фаг кæны?» 412
Барис уыцы сахат йæ бæхтæ бафснайдта æмæ сæхимæ цæуынмæ хъавыд. Прицепщикты кой куы айхъуыста, уæд сæрдармæ бацыд æмæ йын загъта: - Мæн арвитут прицепщикæй, æз кусдзынæн. Уый йæм æнæууæнк каст бакодта: - Æмæ сарæхсдзынæ? -Ау... Сæрдар бацин кодта. Агургæ æмæ æнаргæ амал ахæм тыхст сахат. Æхсызгон уыди Барисæн дæр: прицепщикæй трактористы æхсæн бирæ быдыртæ нæй. Иу æхсæв, тракторист куы бафæллад, уæд йæ прицепщикæн афтæ бакодта: - Цæй æххуысгæнæг дæ ды та мæнæн: трактористы бæсты иу зылд ма ракæн!.. -Æз дыууæ зылды дæр æркæндзынæн, æрмæст мын бацамон: матор куыд сифтындзын æмæ куыд бауромын хъæуы, трактор куыд разилын хъæуы, уый, - загъта Барис. - Уыцы куыстытæ, æвæццæгæн, мæхæдæг дæр зонын, фæлæ уæддæр... Тракторист дисæй амарди, йæ прицепщик иу сахаты фæстæ трактор æнæкъуылымпыйæ куы скъæрдта, уæд. Барис суанг бонмæ йæхæдæг хуым кодта, фæлтæрд трактористы хуызæн. Ныр уыцы бонтæ куы фæмысы Барис, дæсны тракторист æмæ комбайнер, уæд йæхæдæг худын райдайы йæхиуыл: - Хуыцау зоны, цы хуызæн уыдаид уæд мæ хуымгонд. Æниу мыл мæ тракторист дæр куыд баууæндыд, йæ трактор прицепщикы бар куыд бакодта? Фæлæ уæддæр лæппу разы уыди уæды æнтыстдзинадæй. Кæд тракторист нæма уыди, æрмæст прицепщикæй куыста, уæддæр йæхи фæллойæ йæ бинонты дардта. Йæ фыды фæдзæхст сæххæст кодта. III Дыууæ азы фæстæ æнувыд прицепщикы арвыстой комбайнерты курсытæм. Æхсæз мæйы фæцахуыр кодта. Хорз базыдта, комбайн куыд арæзт у, уый. Фæлæ йыл, куыд æмбæлы, афтæ хорз кусын фæстæдæр базыдта. 413
Техникæйы миниуджытæ фылдæр кæй руаджы базыдта Барис, уый та хоны комбайнер Дмитрий Волошановскийы. ...Уыди 1944 аз. Горæт Орджоникидзейы госпитæлы сдзæбæх, хæсты чи фæцæф, ахæм æфсæддон. Хæстмæ цæуынæн нал сбæззыд æмæ уæд батагъд кодта фæллойады фронтмæ. Ацыди Къардоны МТС-мæ. Хæсты размæ царди Стъараполы крайы, куыста комбайнерæй. Ам дæр уыцы куысты ныллæууыд. Æххуысгæнæгæй та йын радтой Бæдтиаты Барисы. Уый уæдмæ каст фæци комбайнеры курсытæ. Арвыстой сæ мæнæу кæрдынмæ Ногиры колхозтæм. —Адæймаг цас фылдæр ахуыр кæна, уыйас фылдæр зонынмæ тырны, - зæгъы Барис. - Цард иууылдæр скъола у. Дыууæ азы дæргъы трактористтимæ прицепшикæй кусгæйæ, ахуыр кодтон трактор, фæдæн æхсæз мæйы курсытæ дæр. Фæлæ комбайны штурвалыл куы æрхæцыдтæн æмæ мæ фарсмæ Волошановскийы кусгæ куы федтон, уæд мæм афтæ фæкаст, цыма æппындæр ннцы зонын... Куыстам боны цъæхæй изæрдалынгтæм. Мæ зæрдыл ма лæууы, куыд-иу бафæлладтæн æмæ æнхъæлмæ куыд кастæн, нæ комбайн кæд бауромдзыстæм æмæ кæд ныххуысдзынæн, зæгъгæ. Фæлæ ахæм комбайнеримæ куыстон! Куыдцæр-иу куыст фестæм, афтæ комбайны рыгтæ ныммæрзын хъуыди цъылынæй, ныссæрфын æй хъуыди хæцъилæй, бæлвырд сбæрæг кæнын-иу хъуыди, комбайны цы сахъæттæ уыдис, уыдон. - Ахæм адæймагыл фыццаг хатт сæмбæлдтæн, - зæгъы Барис Волошановскийæ. - Фæллад æмæ зивæг цы сты, уый æппындæр нæ зыдта. Фынæйы сахатæй фæстæмæ йæ æнцад бадгæ нæ федтаис. Афтæ мæм кастис, цыма йæ фыны дæр кусгæ фæкæны. Ивæн хæйттæ кæм уыди хæсты заман! Æмæ æвдæлон сахæтты агуырдта болтытæ, гайкæтæ, суанг телы гæбæзтæ дæр ремонтæн. Ахæм æнæнцой адæймаг уыди. Афтæ-иу дзырдта: «Машинæ буц куынæ дарай, уæд дæхæдæг æдзухæй дæр тухийы хай уыдзынæ». Куысты мидæг йæ хистæр æмбæлттыл куыд ахуыр кодта, уый тынг æхсызгонæн фæмысы кæддæриддæр Барис. — Иуæй-иу тракторист йæхи афтæ счъизи кæны, æмæ йæ йæ ныййарæг мад дæр нал базондзæн. Уый уымæн афтæ у, æмæ 414
бон-изæрмæ йæ тракторы бын фылдæр уæлгоммæ фæхуыссы... ремонт æй фæкæны. Æз ма прицепщик куы уыдтæн, уæд-иу æдзух Пухаты Валодямæ хæлæг кодтон: тракторыл куыд сбадтаид райомæй, афтæ сыгъдæгæй-иу дзы æрхызтаид изæрæй. Цæмæн? Уымæн æмæ йæ трактор бынтон рæвдз куынæ уыдаид, уæд ыл никуы рацыдаид. Æмæ-иу бон-изæрмæ æнæкъуылымпыйæ, æнæ тухитæй куыста, чъизи дæр-иу не сси. - Æмæ иууылдæр афтæ цæуылнæ кæнынц трактористтæ?- бафарстон æз Барисы. Мæ фарстæн мын Барис дзуапп радта ахæм фарстæй: - Иуæй-иу йæ туфлийы бæттæнтæ æнæбастæй, зæбултæй цæмæн фæхæссы, кæнæ ронбæгъдæй адæмы æхсæнмæ цæмæн рацæуы? Уымæн æмæ ахæм æнæфснайд, сæмпæрчъи адæймæгтæ вæййы куысты рагъыл дæр. Ссæдз азы рацыди, Барис трактормæ йæ къухæй куы бавнæлдта, ууыл. Уæдæй абонмæ цы адæмимæ кусы, уыдонæй стæм вæййы æнæфснайд, æдзæллаг, сæ фылдæр сты хорз, фæзминаг. Барис йæхæдæг кæй сахуыр кодта, уыдонæй абон бирæтæ сты дæсны механизатортæ. Ссæдз азы дæргъы æрмæст æртæ азы фæхицæн йæ æфсæн бæхы барæг колхозон быдырты куыстæй. Уый, Советон Æфсады куы уыди, уæд. IV Бæдтиаты Барисы кой куы æрцæуа фарныхъæуккаджы цур, уæд дын зæгъдзæн: «Тынг уæздан, хæдæфсарм адæймаг у!» Уый бæлвырд афтæ у царды. Куысты та у домаг йæхицæй æмæ йе’мбæлттæй дæр, йæ къухы цы машинæтæ ис, уыдонæй дæр. «Машинæ у адæймаджы тыххæй, æмæ адæймаджы куыд фæнды, афтæ хъуамæ куса», - фæзæгъы кæддæриддæр Барис. Æмæ афтæ кусын кæны, йæ къухы цы машинæ вæййы, уый. Хæдтулгæ комбайнæн йе ставд сыхырнайы кæрон фидаргонд ис къæпхæнтæ арæзт фæйнæг. Арæх сæтты уыцы фæйнæг, æмæ уæд мæнæуы нæмгуытæ хауынц зыгуыммæ. Барис уыцы фæйнæг раивта лыстæг сыхырнайæ, æмæ уæд нал састи. Куыст фæрæвдздæр. Цæмæй иу нæмыг дæр зыгуыммæ мауал цæуа, уый 415
тыххæй та сыхырнайы бынмæ ныффидар кодта æндæр фæйнæг, бынмæ уырдыг арæзтæй. Уыцы фæйнæгыл гагатæ тулынц хъæмпцæгъдæнтæм. Афтæ алы мадзæлттæ фæцарæзта, хорæй дзæгъæл сæфт къадцæр цæмæй кæна, уый тыххæй. Уæд та иухатт, нартхортауæнмæ ракæс-бакæс кæнгæйæ, хъуыды кодта Барис: «Цымæ конструктортæ ацы машинæ афтæ цæуылнæ сарæзтой, цæмæй мыггагимæ хъацæнтæ дæр тауа? Кæд культиватор ис ахæм, уæд тауæнæн дæр уыдзæн афтæ скæнæн». Йæхинымæр алыг кодта: «Искуы, чи зоны, саразой ахæм машинæ. Фæлæ амæй уæдмæ исты æрхъуыды хъæуы». Тауинагимæ зæхмæ хъацæнтæ куы бахæссай, уæд пайдадæр кæй у, уый цы зонын хъæуы. Культиваторы хъацæнтæ тауæг аппараты кондмæ лыстæг фæкасти. Стæй совхозы кæрты цы зæронд культиватор лæууыд, уымæн йæ хъацæндон къустæ рафтыдта æмæ сæ тауæн машинæйыл бакодта. Хъуыддаг фæрæвдз: ныр тауæн машинæ мыггагимæ хъацæнтæ дæр тауы. Уый фæстæ заводты дæр кæнын байдыдтой ахæм тауæнтæ. Фæлæ Барис абон дæр ма йæхи арæзт машинæйæ тауы: хъаст дзы ницæмæй кæны. Фарон та республикæйы колхозты æмæ совхозты фæзынди ног æртæрæнхъон комбайн «ККХ-3». Иууылдæр дзырдтой, амæй размæ цы нартхоры комбайнтæ уыди, уыдонæй се ’ппæтæй хуыздæр у ацы комбайн, зæгъгæ. Фæлæ та ног комбайнмæ дæр Барис бафиппайдта иу сахъатдзинад: уырынгтæ валикты æхсæн цъæхбын нартхоры хæтæлтæ куы бахауынц, уæд быргæ кæны æмæ лæгъз хæтæлтæ иу ран амбырд вæййынц. Уымæй арæх къуылымпы кæны куыст. Цымæ йын ницы гæнæн ис, цæмæй нартхоры хæтæлтæ машинæйы хъуыры ма сæдзой, уымæн? Ис. Барис та уыцы валиктæм бафтыдта уæлдай уырынгтæ, æмæ комбайн бынтон æнæкъуылымпыйæ кусын райдыдта. , * * * Партийы райкомы уыди экономикон конференци. Ныхас кодтой: «Куыд фæфылдæр гæнæн ис Орджоникидзейы районы 416
нартхоры æрзад партийы ЦК-йы январы Пленумы уынаффæтæм гæсгæ». Бирæ хорз фæндæттæ фæхастой фарстайы фæдыл. фæлæ уæлдай тынгдæр сæ зæрдæмæ фæцыд фарныхъæуккаг механизатор Бæдтиаты Барисы раныхас. - Нартхор хуыздæр цæмæй зайа, йæ кусæггаг та зынаргъ ма ста, уымæн æппæты хуыздæр мадзал у комплексон механизаци, - дзырдта Барис сабыр, æфсæрмхуызæй, фæлæ фидарæй. Æмæ ранымадта, алкæй бон дæр цы бакæнын у, уыдæттæ. Ныр алчидæр зоны зæхх арф бахуым кæнын, афоныл дзы хæрзхъæд мыггаг байтауын, хъацæнтæй йæм хорз базилыны ахсджиагдзинад. Фæлæ, комплексон механизаци тыллæджы фæфылдæрæн цы ахъаз у, уый алчи нæма зоны. Амæй размæ цы нартхортонæн комбайн уыди - «КУ-2», уый хорз машинæ нæ хуыдтой. Фылдæр лæугæ кодта. Фæлæ Барисæн уыцы комбайн дæр хорз куыста. Уымæн æмæ-иу уый суанг уалдзæгæй фæстæмæ йæхи хъардта канд хорз тыллæг æрзайын кæныныл нæ, фæлæ йын комбайнæй æфснайæн дæр куыд уа, ууыл дæр. Уый тыххæй та хъæуы фыццаджыдæр раст квадраттæй байтауын, цæмæй йын уый фæстæ культиваторæй хорз бакусæн уа, йæ хæмпæлгæрдæг сæфт æрцæуа механизмты руаджы. Гъе, уымæ гæсгæ конференци йæ уынаффæйы ныффыста: «Районы механизатортæн арæзт æрцæуæд семинар, квадратгай- дзыгуыргай тауæн машинæ куыд арæзт у, Бæдтиаты Барисы методмæ гæсгæ, уый базоныны тыххæй, цæмæй уыцы хорз фæлтæрддзинад иннæтæ дæр бафæзмой. * * * ...Иухатт, зымæджы, Фарныхъæуы айхъуыст диссаджы хабар: хъæугæрон, дам, хуыты фермæйы цур, «тауынц» нартхор. Æцæг зæххыл мит нæ уыди уыцы бон, фæлæ ма зымæг уыди: фыццæгæм февралы. Совхозы механизатор Бæдтиаты Барис йæ тракторыл сбадти, бабаста йыл тауæн æмæ райдыдта нартхор квадратгай-дзыгуыргай тауын. 27 417
Уыцы куыст фенынмæ æмæ йæ базонынмæ æрцыдысты совхозы æмæ сыхаг колхозты механизатортæ. Барис сын фыццаг равдыста, йæ машинæ куыд сарæзта, нартхоры мыггагимæ хъацæнтæ дæр тауынæн, уый. Стæй бавнæлдта тауынмæ. Иууылдæр тынг зæрдиагæй кастысгы Барисы куыстмæ, афтæмæй сæ алчидæр зыдта, цъæх квадраттæдзы кæй нæ равзæрдзæн. Тауæны фæстæ нæудзарæдыл баззади нартхоры гагатæй арæзт квадраттæ. Æмæ гъе уыцы квадраттæ уынынмæ æрæмбырд сты адæм дæр. Совхоз уыцы фæлваран куыстыл æдæппæт бахардз кодта цалдæр килограммы нартхор, фæлæ уый хыгъд районы механизатортæ сæхи цæстæй федтой дæсны тауæджы фæлтæрддзинад æмæ базыдтой квадратгай-дзыгуыргай тауын. Уыцы бонты Кировы номыл совхозы фæллойгæнджытæ дæр хъуыддаджы ныхас кодтой, январы Пленумы уынаффæмæ гæсгæ цы мадзæлттæ бакæнын хъæуы, нартхор хуыздæр æрзайын кæныны тыххæй, уый фæдыл. Механизатортæй иутæ æцæгхуызæй дзырдтой, ныртæккæйы тауæнтæй раст квадраттæ байтауæн нæй, зæгъгæ. Ныхас дзы рауади фарныхъæуккаг мехаиизатор Бæдтиаты Барисы фæлтæрддзинад базоныны тыххæй. Æмæ иу рагуалдзыгон бон Бæдтиаты Барис æмæ Дауыраты Хасанбег,- уый дæр механизацигонд звенойы сæргълæууæг, дæсны квадраттæтауæг, - ссыдысты Джызæлмæ. Уым сæм æнхъæлмæ кастысты совхозы механизатортæ. Бон-изæрмæ фæныхас кодтой семæ тауæны уæлхъус. Амыдтой сын: куыд аразын хъæуы машинæ, куыд дзы кусын хъæуы, цæмæй раст квадраттæ тауа. Стæй-иу сбадтысты тракторыл, йæ фæдыл тауæн бастæй æмæ — таугæ. Афтæмæй Джызæлы механизатортæ базыдтой квадратгай-дзыгуыргай тауын. V Иу фарныхъæуккаг, рагон æхсæны кусæг мын афтæ дзырдта: «Барисы æппындæр æнцад бадгæ никуыма федтон». Мæнмæ уый диссаг нæ фæкастн. Барисы хуызæн куыстуарзаг лæджы не’вдæлы æнцад бадынмæ. Сæ колхозы хортæ-иу æфснайд 418
куы фесты, уæд ма-иу æндæр районты та нартхоры хуымты æнæтындæй мит æрцæйæййæфта. Уырдæм феххуыс кæнынмæ- иу тагьд кодта Барис. Кæнæ мæнæу карст куы фæвæййы, уæд æнцад куыд сбада, кæд æмæ Сыбыры æнæкæрон зæххыты мæнæутæ кæрдиппæрд кæнынц! 1958 азы Цæгат Ирыстонæй механизаторты къорд ацыди Читайы облæстмæ хор æфснайынмæ. Барис кæм куыста, уыцы сыбираг районы газет «Ленинский путь» уæд фыста: «Бæдтиаты Барис хæдтулгæ комбайныл кусы Ленины номыл колхозы. Æртæ бонмæ карст дæрæнтæ банай кодта 103 гектары. Йæ машинæ кусы æнæкъуылымпыйæ. Бонæй-бонмæ фылдæр кæны йæ æнтыстдзинад. «Уадз æмæ мæ чысыл фæллой дæр лæвар фæуæд партийы XXI съездæн», - зæгъы комбайнер». Мæнæ та ацы аз дæр совхозы механизатортæ цыппар бонмæ æфснайд фесты сæ мæнæутæ. Фæлæ районы хъæдрæбынты колхозтæ æрæгмæдæр бавнæлдтой мæнæу кæрдынмæ, ноджы ма сæ къæвдатæ дзæвгар бакъуылымпы кодтой. Куыддæр хур бонтæ фæци, афтæ та Барис йæ комбайнимæ æрбалæууыд Ногиры Калинины номыл колхозы. 115 гектары мæнæу æртæ бонмæ бафснайдта. Нормæ æмæ æрдæг æххæст кадта алы бон дæр. ...Уалдзæджы, хуымтæ æмвæтæнæгæй цъæх куы адардтой, уæд Фарныхъæуы быдыртыл æрцыди тыхджын их. Раст уыцы райсом æз сæмбæлдтæн Бæдтиаты Барисыл. Йæ трактор лæууыди хуымы кæрон, йæхæдæг тарæрфыгæй рацу-бацу кодта нартхоры астæу, касти, сæ фæллойæн сын æгъатыр æрдзы тых цы фыдмитæ бакодта, уымæ. Мах йæ цурмæ куыд бацыдыстæм, æвæццæгæн, уый дæр нæ бафиппайдта йæ фыртыхстæй. Æмæ йыл худæн дæр нæ уыди. Знон уыцы зæрдиагæй культиваторæй кæй бакуыста, уыцы цъæх æвзартæй их сау сыджытимæ арвистон скодта. «Исты ма сæ рауайдзæн æви нæ?» - ууыл уыди йæ сагъæс уыцы сахат механизаторæн... Фæлæ сæ рауади. Сæ амонд уыд, æмæ нартхоры æвзар зæнг нæма скодта. Хорз куыстгонд зæххыл рынчын æвзартæ уайтагъд сæхиуыл фæхæцыдысты æмæ рæзынмæ фесты. 419
Ныр æй Ногиры зæххыл мæнæу кæрдгæ куы баййæфтам, уæд Барис йæ комбайны сæрæй æргæпп кодта, худгæ нæ размæ æрбауад æмæ йæ фыццагдæр ныхас уый фæци: - Хорз сты нартхæрттæ. Алы зæнгыл дæр дзы ис дыууæ- æртæ æфсиры. Раст æлмæрины дæргъæнтæ сты. Мах федтам Барисы звенойы нартхор: ставд зæнг, фæтæн сыф. Сау хъæды хуызæнæй хæрдмæ цæуы. Иуæй-иутæ дзы зæлдаг рафтыдтой, иннæтæ нæма. Æнæгуырысхойæ зæгъæн ис, æнувыд фæллой стыр бæркад кæй ратдзæн фæззæджы. Бæдтиаты Барис йæ хорз куысты тыххæй цы бирæ Кады гæхæттытæ фæиста, уыдонимæ ис Новосибирскы облæсты партийы Белозеры райкомы æмæ райæххæсткомы лæвæрд грамотæ дæр. Уым дæр уыди мæнæу кæрдынмæ. Ис æм Кады грамотæтæ фæскомцæдисы ЦК-йæ, Профцæдисы обкомæй, партийы Орджоникидзейы райкомæй æмæ райæххæсткомæй. Совхозы цы цæугæ Сырх тырыса ис раззагдæр звенойæн, уый дæр йæхицæй æддæмæ нæ уадзы Барисы звено. Фæлæ Барис æрмæст хуым кæныны, тауыны æмæ хор æфснайыны куыст нæ кæны. Ис ма йын æхсæны куыстытæ дæр. Уый у Фарныхъæуы Советы депутат æмæ бюджетон къамисы сæрдар. УСФСР-ы Сæйраг Советы Президиум рауагъта Указтæ, кусгæ чи нæ кæны, æхсæнадæн зианхæссæг хъуьщдæгтæ чи кæны, ахæмты ныхмæ тох фæтыхджындæр кæныны тыххæй. Куыннæ бамбарын кæна депутат ахæм ахсджиаг закъонтæ фæллойгæнджытæн! Æппындæр чи никуы куыста, ахæмтæ Фарныхъæуы разынди 31 адæймаджы. Йæ сменæйы фæстæ Барис æрæмбырд кодта йе’взарджыты æмæ семæ зæрдиаг ныхас фæкодта. Уыцы æмбырды уыдысты Базыраты дыууæ чызджы. Барис ныхас куы кодта, уæд бирæтæ сæ цæстызулæй кæстысты уыдонмæ. Цæмæн? Кæд, мыййаг, æввонгхортæ кæнæ зындгонд магусатæ сты? Не сты. Фæлæ адæймаг иуæй-иу заман фæрынчын вæййы «зивæгнизæй». Базыраты дыууæ чызджы хъуыддзг дæр афтæ уыд. Адон фарон дæр ма хорз кусджытыл нымад уыдысты. Фæлæ фæстаг заман нал куыстой. Уый тыххæй сын комкоммæ 420
загьтой ацы æмбырды: адæмы хуызæн кусут æмæ уæхи фæллойæ цæрут, науæд уын мах æхсæн цæрæн нæй. Адæмы фарн тыхджын кæй у, уый бамбæрстой дыууæ чызджы, сæ рæдыдыл басастысты æмæ дыккаг бон куысты ныллæууыдысты. Бирæ хатт куыстæй æрцæйцæугæйæ сæхимæ нæ, фæлæ хъæусоветмæ бауайы Барис: цы хабæрттæ ис, куыстытæ куыд цæуынц, уыдæттæ базонынмæ, стæй библиотекæмæ фæраст вæййы. Уый æппынæдзух кæсы журнал «Хъæууон хæдзарады механизаци», чингуытæ. * * * Æвзæр нæ рауад Бæдтиаты Барисы звенойы куыст фарон: 115 гектары æрæмбырд кодта фæйнæ 47 центнеры згъæлд нартхор (совхозы рæстæмбис нымадæй гектарæй æрцыд 33 центнеры). Фæлæ фарон цы уыди, уый ацы аз æгъгъæд нал у Барисы звенойы ма сты Гуыбиаты Хаджумар, Æлбегаты Владимир æмæ Мысыкаты Сослæнбег. Адон СЦКП-йы XXII съезды кадæн бацыдысты æппæт Уæрæсейы механизацигонд звеноты ерысы нартхор хуыздæр æрзайын кæныныл. Сæхимæ хæс райстой 215 гектары зæххыл алы гектары дæр 60 центнеры æрзайын кæнын. Зæрдæдарæн ис, ацы цыппар сæрæн механизаторы цы æнувыд фæллой кæнынц, уый сæ кæй нæ фæсайдзæн. —<©$©>— 421
Дзесты Куыдзæг ÆППЫНÆДЗУХДÆР РАЗЗÆГТИМÆ Хæдзардзин адæймаг Алагиры, Ленины цырт цы цæхæрадоны ис, уый æмбонды цур зæрдиаг ныхас кæнынц цыппар лæджы. - У ырымты Мария кæм цæры, у ый уæ ничи зоны? - бафарста сæ мæ зонгæ ахуыргæнæп Ныхасгæнджытæй иу фæраздæр: - Цæргæ мæнæ йæ ног хæдзары кæны, Ленины уынджы тигъыл, фæлæ аипп ма уæд, цæмæн дæ хъæуы? - Мæнæ ацы æмбал горæтæй уый тыххæй æрцыд... - Æмæ йæ сæ хæдзары агурут? - О, уæдæ? - Æмæ уый хуыцаубоны куы никуы вæййы сæхимæ, уæд æй кусгæ бон ссардзыстут уым? Фермæйы йæ агурын хъæуы! Æз мæхи раст кæнынмæ фæдæн: - Фермæмæ æнæ цæугæ нæй, фæлæ, мыййаг, уым куынæ разына, уæд та нæ фæстæмæ ардæм цæуын хъæудзæн... - Уымæй йын ма тæрсут! Кæд искуы афæстиат уа, уæд фылдæр-фыллæр сахат, йæ кæрчытæн холлаг ласынмæ. Мах хъуамæ араст уыдаиккам, фæлæ та дзурæг фæурæдта ме’мбалы æмæ худгæмхасæн зæгъта: - Хъус-ма! Уазæг горæтæй æрцыд. Марияйы нæма зоны, фæлæ йæ ды рæдийын ма бауадз. Æйчытæ курынвæнд ма скæнут. Иу айк дæр уын нæ ратдзæн, сымахæй стырдæр хицау куынæ уа, уæддæр. Хъайла дæр уын не скæндзæн... Уыцы ныхас айстой иннæтæ дæр, æмæ ма Марияйы «чъындыйы» койыл бафтыд бирæ ног хабæрттæ. Иу хатт йæ фермæйы алфамбылай схæмпæл, æмæ рувæстæ кæркдонмæ хъуызын байдыдтой. Мария бахатыд трактористтæм, цæмæй ныссæстаиккой хъамыл. Уыдон ын йæ курдиат баххæст кодтой, куцсты фæстæ трактортæ фæратæр-батæр кодтой хæмпæлы. Лæппутæ æнхъæл уыдысты, уæдæ нæ Мария истæмæйты хорз 422
фендзæн, зæгъгæ, фæлæ изæры райхъуыст ног хабар: Мария сын, æгæр-мæгуыр, хъайла дæр не скодта. - фæлæуу-ма, æмæ ууыл цы дзурут, ууыл? Йæхи мады куыд фæивар кодта, уый цæуылнæ зæгъут? - йæ ныхас баппæрста зæрæдтæй иу. Уыцы хабар та афтæ уыд. Иу рæстæджы Мария йæ мадимæ куыста фермæйы. Мады иыууагъта кæрчытимæ, йæхæдæг ацыд холлаг ласынмæ. Шофыртæ цыппарæй бацыдысты фермæмæ, равдыстой иу гæххæтты гæппæл зæронд усмæ æмæ загътой: -Ныртæккæ ныл Мария фембæлд æмæ нын афтæ: «Ныццæут, гыццийæн зæгьут, æмæ уын хъайла скæна дыууиссæдз айкæй». - Æмæ афтæ куы никуы фæкæны! - фæдызæрдыг мад. - Гъе ныртæккæ нын йæхæдæг загъта. Мæнæ дæм фысгæ дæр ныккодта, гъа! - Æмæ йæм радтой гæххæтты гæбаз. Баууæндыд зæронд ус æмæ сын сæ фæндон сæххæст кодта. Шофыртæ хорз фæминас кодтой, хорз фæхудтысты, фæлæ зæронд усæн йæ хъуыддаг хорз нæ рауад. Мария бавдæлд æмæ йæ мады фæивар кодта: зæронд усæн йæ куысты мыздмæ цы æйчытæ цыдис, уыдонæй йын баурæдта 120, æртывæрæй йын бафидын кодта уыцы дыууиссæдз айчы. Нæ ныхас æгæр иувæрсыг уыд, фæлæ иугæр ацы адæм афтæ бæстон зыдтой Марияйы чъындыдзинад, уæд ын хъуамæ зыдтаиккой йæ куысты хабæрттæ дæр. Æмæ сæ бафарстон: - Æмæ уæд кусгæ та куыд кæны? - Кусгæ? - трактористты кой чи ракодта, уый йæ къух уæлдæфы бауыгъта: - О, о, Мария тынг хæдзардзин у. Алчидæр нæ уый хуызæн куы уаид æмæ куы кусид, уæд афонмæ коммунизммæ бафардæг уыдаиккам... Номхæссæны рæдау Алагирæй дыууæ километры дæлдæр тыгъд быдыры астæу - къаннæг фыдуынд агъуыст. Йæ разы - бæрзонд æвæрд, вагоны хуызæн фæйнæгæйконд хæдзар — кæрчытæн холлаг кæм цæттæ кæнынц, уый. Урс-урсид кæрчытæ хизынц цъæх кæрдæгыл. Се ’хсæн къуыбырыл бады иу æрыгон чызг. Мах куы федта, уæд сыстад 423
æмæ нæ размæ рацыд. Ме ’мбал - совхоз «Коммунисты» кадрты хайады хицау Хъоцыты Апполон салам радта чызгæн æмæ йæ афарста: - Ирæ5 Мария кæм ис? - Ног фермæмæ ацыд, ныртæккæ ам уыдзæн, сбадут уал! - дзуапп радта чызг. Кæрчытæ æрбакалдысты Ирæйы фæстæ, стæй та азылдысты æмæ хизынмæ фесты. Дыууæ мин æмхуызон урс карчы, суанг горæты кæронæй кæсгæйæ дæр бæрæг дарынц цъæх кæрдæгыл. Чысыл иуварсдæр «тох» кæнынц дыууæ уасæджы. Сæ иу зынгæ къаддæр у иннæмæй, æмæ йæ йе «знаг» йæ риуæй куы скъуыры, уæд та асхъиуы, фæлæ уæддæр лæбуры, йæхи та баскъæры стырдæрыл. - Ирæ, уæдæ-ма зæгъ, кæд дæ фосы хорз зоныс, уæд: уыцы дыууæ уасæгæй чи фæтыхджындæр уыдзæн? - хъазгæйæ фæрсы Апполон. - Дæлæ гыццылдæр чи у, уый! - Цæхгæр дзуапп радта Ирæ. - Æмæ къаддæр куы у? - Къаддæр у, фæлæ фыдуагдæр у, хинæй архайы. Чысыл фæстæдæр сбæрæг, Ирæ раст кæй загъта, уый. Къаннæгдæр уасæг цыдæр æгъдауæй ацахста иннæйы къоцца æмæ йе знаджы йæ фарсыл æрæвæрдта... Кæрчытæ ныггуыбыр кодтой æмæ хизынц. Æдце бакæсгæйæ ма зынынц сæ цыргъ къæдзилтæ. Фæцыд уасджытæй иуы фæдисы хъæр. Кæрчытæ сæ сæртæ фæхъил кодтой, æмæ урс гауыз сырх адардта, цыма миты хъæпæны чидæр бирæ къаннæг сырх тырысатæ ныссагъта, афтæ. Ирæ йæ цæст ахаста арвыл. - Халонæй фæтарстысты, - зæгъгæ, бацамыдта, кæрчыты сæрты цы маргъ атахт, уымæ. Сосæвæндагæй фермæйырдæм æрбаздæхт æхгæд уæзласæн машинæ. Ирæйы дардуынаг цæстытæ ферттывтой: - Мария æрбацæуы! Цалдæр минуты фæстæ бадæм Марияимæ къуыбырыл. Дæс æмæ дыууиссæдз азы бæрц кæуыл цæуы, ахæм хуымæтæджы ирон сылгоймаг. Йæ уæлæ - кусæн дарæс, йæ бакаст-тыхстхуыз. 424
Алагирæй-иу 12 километры дæлдæр совхоз сарæзта ног агъуыстытæ фермæйæн æмæ а-дыууæ боны лидзын хъæуы уырдæм. Ног фермæ дæр базилинаг у, ахстæттæ, бадæн хъæдтæ ласинаг сты. Ам та 200 уасæджы æрцахсын æмæ арвитын хъæуы Садоны кусджытæн. Ирæ шофыры фарсмæ абадт æмæ ацыд кæрчытæн дон ласынмæ. - Сымахмæ та цы хабæрттæ ис? - афарста Мария, иугæр æз куы ницы дзырдтон, уæд. - Æз газетæй æрвыст дæн... - О, уый мын мæнæ Апполон бамбарын кодта. - Гъемæ уæдæ, Мария, - райдыдтон æнæхудгæйæ, - æйчытæ курынвæнд нæ кæнын, хъайла дæр тынг бирæ нæ уарзын, уыдæттыл рæдау кæй нæ дæ, уый дæр фехъуыстон... - Дæуæн дæр та йæ адзырдтой? - худы Мария. -Кой дардыл хъуысы... Фæлæ æз æндæр хъуыддаджы фæдыл æрцыдтæн. Редакцимæ ахæм уацхъуыд бацыд: совхоз саразыны размæ уæ колхозы правлени дæуæй æфстау райста тоннæ æмæ æрдæг мæнæу æмæ дын сæ фæстæмæ нал радтой. Гъемæ уыцы хабар æцæг у æви нæ, уый бæрæг кæнынмæ æрцыдтæн. Мария ахæм фарст æнхъæл нæ уыд æмæ дисгæнæджы каст æрбакодта фыццаг мæнмæ, стæй та Апполонмæ. - Нæ, уый афтæ нæ уыд... Ницы мæ дары колхоз... Нæ басаст Мария. Æрмæст иуцасдæр рæстæджы фæстæ, иугæр æй куы бауырныдта, æз хъазгæ кæнын, уый, уæд загъта: - Уæдæ сын цы бакодтаин! Æхсæны хæлцæн хор нал уыд колхозы, æмæ куыст къуылымпы кодта. Стæй æххæст тоннæ æмæ æрдæг дæр нæ уыдысты, фæлæ 1400 килограммы. Апполон йæ ныхас баппæрста: - Æмæ уæд иу хатт нæ бригадирмæ цы хуын бахастай, уый та куыд уыди? - Уый дæр афтæ! Кæдæй-уæдæй нæ район цæугæ Сырх тырыса райста сымах руаджы! - дзуапп радта Мария. Цæвиттон, Мария йæ фæллойбонтæй уæлæмæ йæ куысты мыздмæ æйчытæ иста (зæгъæм, 1959 азы райста 14 мин айчы). 425
Уыдонæй иу дæр никуы ауæй кодта, фæлæ-иу сæ лæвæрдта хуыздæр звенотæн æмæ бригæдтæн. Цы бригады кой кæнæм, уыдонæн уыцы иу хаст 500 айчы бакодта. Фæстагмæ хъуыддаг афтæ сси, æмæ-иу колхозы правлени йæхæдæг, цыма йæхи къæбицæй уары, афтæ хардз кодта Марияйы преми. Цы ма вæййы рæдаудæр! Кæддæриддæр æппæты разæй Ссæдзæм азты, ирон хъæууон сылгоймæгтæ хистытæм æмæ чындзæхсæвтæм цæуынæй уæлдай сæрибар цард аразыны хъуыддæгты фæдыл фыццаг хатт æмбырдтæ кæнын куы байдыдтой, фæскомцæдисонтæ сæ алы æмбырды дæр сæ рæнхъытæм чызджытæ æрбакæныныл куы дзырдтой - раст гъе уæд балæууыд Уырымты Мария æхсæны куысты. Æнæзивæг чызг нырма уал æххуыс кодта хистæр сылгоймæгтæн, æхсæнады хъуыддаджы чи архайдта, уыдонæн- æмбырд кодта устыты æмæ чызджыты. Уыдон амындæй бацыд фæскомцæдисы рæнхъытæм. Уæдæй фæстæмæ Мария ног царды гуылфæны афтæ арф бацыд æмæ суанг абоны бонмæ кæддæриддæр æмкъахдзæф кæны раззагдæртимæ. Марияйы арвыстой уæды рæстæджы Цæгат Кавказы крайы курсытæм. Курсыты кастысты йæхи хуызæн чызджытæ Цæгат Кавказы алынацион бæстæтæй. Партийы Крайком стыр аргъ кодта уыцы курсытæн, алыхуызон мадзæлттæ кодта, цæмæй зноны ныхкъуырд æмæ æнæбар сылгоймæгтæ уой ног, советон царды разамонджытæ, иннæ сылгоймæгтæн хорзæн бафæзминаг адæм. Паддзахады хардзæй курсанттæн скодтой дзаума, суанг ма сын цонгылдарæн сахæттæ дæр балхæдтой. 1932 азы Мария уым, Ростовы, бацыд партимæ. Курсыты фæстæ æртæ азы фæци нæхимæ Совпартскъолайы. Колхозон арæзтад йæ тæккæ тæмæны бацыд. Мария кæсы газетты, хъу-сы æмбырдты социалистон хæдзарады раззагдæрты кой. Цорæты Мылыхо, Гуыбиаты Ислам æмæ æндæр ахæмты нæмттæ нæ цух кæнынц адæмы дзыхæй. Æмæ уæд ахъуыды кодта: «Сылгоймæгтæй цæуылнæ исчи у ахæм?». 426
Скъола каст куы фæцис, уæдæй фæстæмæ æппынæдзух дæр уыди колхозон куысты. Уыд бригадир фæсивæды бригадæн. Куыста, йæхиуыл нæ ауæрста, афтæмæй, æхсæв æмæ бон нæ зыдта, суанг ма цырагъы рухсмæ дæр кодта хуым. Уæды рæстæджы минералон хъацæнтæ фаг нæма уыд. Æмæ фæкæс, æмæ та Мария фæцæуы скъоламæ... фæнык æмбырд кæнынмæ. - Арæбын, Мария, цы ма агурыс уыцы пецты, цырма сæ знон куы ныссæрфтай! Æвæццæгæн дын мæхæдæг фæнык куы фестин, уый дæр дæ бафæндид... - хъазгæйæ йын дзырдта скъолайы артгæнæг. 1935 азы Мария — хъазуатон колхозонты съезды делегат Мæскуыйы. Уый иттæг арф айста йæ зæрдæмæ съезды уынаффæтæ: сылгоймаг колхозон куыстады стыр тых кæй у æмæ хъæууонхæдзарады механизмтыл кусын сахуыр кæнын тынг ахсджиаг хъуыдцаг кæй у, уый. Съездæй куы æрыздæхт, уæд каст фæцис трактористты курсытæ æмæ та ам дæр ирон фыццаг сылгоймæгтимæ тракторæй хуым кæнын райдыдта. Канд йæхæдæг нæ, фæлæ ма йæ кæстæр хойы дæр сахуыр кæнын кодта шофыры дæсныйадыл. Ныр канд искæй тыххæй нæ, фæлæ йæхи æнувыд куысты тыххæй Мария касти районы æмæ облæсты газетгы: «Ирон сылгоймаг Уырымты Мария хуым кæны дыууадæс гутонджын тракторæй». Æртæ азы фæкуыста Мария трактористæй МТС-ы, уый фæстæ та бригадирæй. Фосдарыны куыст фæсте баззад колхозы. Правлени æмæ парторганизаци Марияйы снысан кодтой хуыты фермæмæ. Мария зын куыстытæй никуы тарст, фæлæ фермæ тынг æвзæр уавæры баййæфта. Дыууæ азы бакуыста фермæйы, æмæ хуыты нымæц схæццæ ис цыппарфондзыссæдзмæ. Колхоз дзидзайæ канд сæхи хæс нæ, фæлæ районы иннæ колхозты хæс дæр фыста ацы фермæйы руаджы (уыдон та паддзахадмæ сæ бæсты æндæр продукттæ лæвæрдтой). 427
Сыгъзæрин æйчытæ Колхозы сæрдар дзуапп лæвæрдта йæ куысты тыххæй. Хуыты фермæйæ раппæлыд, фæлæ кæрчыты фермæйы тыххæй куы дзырдта, уæд йæ ныхас цыбыр уыд: - Бабын нæ кодта кæрчыты фермæ! - Цæмæн афтæ? - Алы карк дæр афæдзы дæргъы æрæфтыдта 12 айчы. - Дыууадæс нæ, фæлæ фондз, - йæ ныхас баппæрста чидæр. — Алы айк дæр нын слæууыд 15 сомы (зæронд æхцайæ), — дарддæр дзырдта сæрдар. - Сыгъзæрин айк! - зæгъгæ та сдзырдта колхозонтæй иу. Мария нал фæлæууыд: - Ай цы диссаджы хабар у? Уыдон кæрчытæ сты, æмæ сыл суг нæ ласæм, хуым сæ нæ кæнæм, сæ хæс айк æфтауын у æмæ цæуылнæ æфтауынц? Правлени уый цæуылнæ зоны? Кæмæндæрты, дам, хъыг уыдис уыцы ныхас. Цалдæр боны фæстæ йæм фæсидтысты правленимæ. Ссыд Мария. Йæ зонгæтæй йын чидæр загъта: - Кæрчыты фермæйы тыххæй æмбырды æгæр хъæбæр ныхæстæ кæй ракодтай, уый фæдыл дын æй, æнхъæлдæн, дæхи бар бакæнынмæ хъавынц. Йæ зонгæ нæ фæрæдыд. Правленийы Марияйæн загътой: - Хуыты фермæ ныууадз, райдай кусын кæрчыты фермæйы! - Цæмæн æй ныууадзон? Мæ куыст æвзæр цæуы? —Дæ куыст хорз цæуы, фæлæ ма кæрчыты фермæйы афæлвар! Уым дын хуыты фермæйы хуызæн нæ уыдзæн. Дзыхæй дзурын æнцон у... Равдис-ма, кæрчыты фермæ пайда у, уый? - Æмæ мæ уæд цæмæй тæрсын кæнут? - загъта Мария, æцæг чысыл хъæбæрдæрæй, уымæн æмæ ахæм уавæрты куы фæныхас кæны, уæд дзырдтæн сæ тæккæ уæздандæртæм нал фæхъавы. 1953 азы февралы Мария райста фермæ. Уыдис дзы кæрчытæ 500 æмæ хъазтæ — 80. Кæрчытæ цас æфтыдтой, уый кой нæм уыди, фæлæ хъазтæ та æппындæр не’фтыдтой, уымæн æмæ, дам, нæлтæ сты. 428
Райдыдта Мария кусын. Скæнын кодта ног агъуыст, кæр- чытæн бадæнтæ, æфтуантæ, журнал «Птицеводство»-йæ йæ цæ- стытæ нал иста. Зилын байдыдта мæргътæм алы холлæгтæй. Кæрчытæ фылдæр æфтауын кæй райдыдтой, уый диссаг никæмæ фæкаст, Марияйы чи зыдта, уыдонæй, фæлæ колхозæн сæ «нæл» хъазтæ дæр æйчытæ æфтауын кæй райдыдтой, уый та хорз æвдисæн уыд, фермæйы Марияйы агъоммæ чи уыд, уыдон куыстæн! Мария инкубаторæй райста 2 мин цъиуы. Æртындæс бонмæ цъиутæ уыйбæрц сырæзтысты, æмæ бадæн хъæдтæм хизынхъом фесты, цыппар мæймæ та æфтауын райдыдтой. Дыууæ мин цъиуæй фæхъуыд æрмæст 28. 1954 азы Мария æрвыст æрцыд Мæскуымæ Хъæууон хæдзарады æппæтцæдисон равдыстмæ. Уый федта нæ бæстæйы раззагдæр маргъдарджыты куыст æмæ уыдон фæзмын байдыдта. Уыцы балц фæзынд йæ куыстыл дæр. Кæд фыццаг аз алы карк дæр æрæфтыдта 97 айчы, уæд 1955 азыта — 127, 1956 азы- 158, 1958 азы-162, 1959 азы-203 айчы. Æнцонæй нæ бафтыдысты къухы уыцы æнтыстдзинæдтæ. Иу рæстæджы колхозы кæрчытæ æртæ раны уыдысты. Алкæмæн дæр дзы хицæн уыд йæ хицау дæр. 1959 азы дыууæ фермæйы кæрчытæ фæцагъды сты, Марияйы фермæйæ иу дæр нæ фæхъуыд. Цæмæн афтæ рауад? Мария кæд йæхæдæг иунæгæй куыста, уæдцæр-иу йæ фермæ дзæгъæл никуы ныууагъта. Зилгæ дæр сæм йæхæдæг кодта, хæринаг ласæг дæр æмæ сын хъахъхъæнæг дæр йæхæдæг уыд. Уыцы рæстæджы иннæ фермæйы та фондз адæймаджы куыста. Фермæйы хицау æхсæв йæ мæргъты цур никуы баззад, бакодта-иу сæ хъахъхъæнæджы æвджид. Кæрчытæм дзæбæх зылд нал уыд, сыгъдæгдзинад нал æййæфтой æмæ сæм афтæмæй низ бахæццæ. Мария йæ фермæмæ æддагон цæуæг никуы бауадзы; чи фæнды уæд, ницы хъуыддаг æй ис фермæйы агъуысты. Мария нæ республикæйы раззагдæр маргъдарæгыл нымад у, йæ ном хъуыстгонд у канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма уымæй æддæмæ дæр. Арæх исы писмотæ алы рæттæй. Ардæм, фермæмæ, 429
дæр æм арæх цæуынц фæрсынмæ. Алкæй дæр сæ базонын, бафæзмын фæфæнды Марияйы куысты фæлтæрдцзинад. «Цавæр политикæ дæм ис?» 1953 азы Марияйы фермæ уыдис Дыгуры хъæумæ æввахс. Уыцы аз ын бирæ нæ бантыст, æдæппæт райста 97 айчы алы каркæй дæр, фæлæ уæдцæр уый уыди иннæ фермæтæй бирæ фылдæр. Æрбацыдысты йæм фæрсынмæ. - Махæн нæ кæрчытæ 13-гай æйчытæ æрæфтыдтой, дæуæн та 97-гæйттæ. Радзур-ма нын, цавæр политикæ дæм ис? -Æмæ сын цы политикæ радзырдтаин? - ныхас кæны Мария. - Комкоммæ сын загътон: æз боныцъæхæй мæ кæрчытæн холлаг куы фæкæнын, уæд ма сымахонтæ та хуысгæ фæкæнынц; æз мæ фермæ иунæг никуы ныууадзын, сымах та кæрчытыл дуар сæхгæнут, æмæ алчидæр йæ хæдзармæ йæ хъарм хуыссæнмæ афардæг вæййы. Æз æппынæдзух дæр ууыл хъуыды кæнын: кæрчытæ цы хуыздæр холлаг хæрынц æмæ фылдæр æйчытæ цы хæринаджы фæстæ æфтауынц; сымах та сын бакалут, цы уæм æрбаласынц, уый, кæннод дæр сæ æххормагæй ныууадзут. Уый уын мæ «политикæ». Ракодта мын Мария иу æрбацæуæг къорды кой дæр. Иу аходæнафон кæйдæр машинæ æрбалæууыд фермæйы цур. Рахызт дзы иу лæг æмæ дыууæ æрыгон чызджы. Чызджытæ машинæйы цур баззадысты, фæлæ лæг уыциу мидæг сси фермæйы агъуысты. Марияйæн хъыггомау уыд уый, исты низ бахæссыны тæссæй æддагон лæгæн не ’мбæлы мидæмæ цæуын. - Уырымты чызг нæма æрцыд?- афарста æрбацæуæг. - Æмæ кæцæй хъуамæ æрцæуа? — дзуаппы бæсты йæхæдæг бафарста Мария. - Йæ хæдзарæй... Мария йæм ницыуал сдзырдта æмæ рацыд фермæйæ. Чызджытæ кæм лæууыдысты, уырдæм куы æрбахæццæ сты, уæд бафарста: - Цæмæн уæ хъæуы Уырымты чызг? - Мæнæ ацы чызджытæ нæ колхозы маргъдарæн фермæйы кусджытæ сты æмæ сæ базонын фæнды йæ фæлтæрддзинад. 430
- Гъемæ фæрсут, Уырымты чызг æз дæн... Цæргæ дæр ам кæнын. Æмæ сын радзырдта йæ куысты уаг. Уыдон Мариямæ æнхъæлмæ кастысты сæ хæдзарæй æрцæуынмæ, фæлæ уæдмæ уый йæ кæрчытæн дыккаг хатт лæвæрдта хæринаг. Базыдтой æрцæуджытæ, ам фермæйы уыдонау хъахъхъæнæг кæй нæй, Мария æхсæвиуат кæнынмæ сæ хæдзармæ нæ ацæуы, кæд холлаг ласынмæ, ауайы æндæр бон дæр æмæ æхсæв дæр ам, фермæйы вæййы. Мария кæрчытæм куыд зилы, уый тыххæй мыхуыры бирæ уыд фыст, цыппар хатты сын холлаг куыд дæтты, сæ хæринаг сын алыхуызон куыд кæны, уыдæтты тыххæй, фæлæ уæддæр сæйраг хъуыддагыл нымайы адæймагæн йæхи æнувыддзинад. Уыцы куыст зæрдæйæ чи нæ бауарза, уымæн ницы феххуыс кæндзæн искæй фæлтæрддзинад дæр. * * * Совхозы кæрчытæн цы ног фермæ сарæзтой, уырдæм Марияйы фермæ ныллыгъд апрелы мæйы. Кæрчытæн сæ бадæнтæ, се’фтуантæ æмбисонды хорз арæзт сты. Æнувыд, иузæрдион адæймаджы куыст хæхтæ дæр фæлдахы... Адæм стыр аргъ кæнынц Марияйы куыстæн. 1954 азæй 1957 азмæ уый уыд Хъæууон хæдзарады æппæтцæдисон равдысты, ис æм авд грамотæйы. Йæ æнувыд куысты тыххæй райста бирæ зынаргъ лæвæрттæ. 1949 азæй нырмæ у Алагиры горсоветы депутат, 1958-59 азты уыд СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы пленумы уæнг. «Партизанкæ» Ирæ Уырымты Мария йæхæдæг дæр йæ фæлтæрддзинад никæмæн хæлæг кæны. Чидæриддæр æм цæуы фæрсынмæ, уьщонæн æнæвгъау æвдисы йæ куыст, амоны, мæргътæм куыд зилын хъæуы, уый, фыссы газетгы, фæдзуры радиойæ. Фæлæ иу къорд рæстæджы йæ куысты мидæг иунæгæй кæй архайдта, уый 431
фæдыл афарстам кæйдæрты æмæ сæ иуæй-иутæ ахæм дзуапп радтой: «Никæимæ фидауы! Уайтагъд та йæ рарвиты». Аст азы дæргъы Мариямæ бакусынмæ бирæ чызджытæ æмæ устытæ нысангонд æрцыд, фæлæ уыдонæй цалдæргай мæйтæй фылдæр ничи баззад фермæйы. Куыд дзырдтой, афтæмæй, уыдонæй чи зивæггæнаг уыд, чи - æнарæхст. Уыдис дзы ахæмтæ дæр, æмæ æйчытæ сæхимæ ивадæг кæнын раст хъуыддаг кæмæ каст. Мария-иу ссыд колхозы правленимæ æмæ-иу загъта: - Нæ мæ хъæуы ахæм кусæг, фæлтау мæхæдæг иунæгæй архайдзынæн. Æмæ йæм цалынмæ ног кусæг æрвитой, уæдмæ йын æххуыс кодтой йæ хо æмæ йæ мад. Баситы Ирæйы ацы куыстмæ фæскомцæдисы организаци рарвыста. Нырма æхсæз мæйы дæр нæма кусы ам. Фæлæ дзы Мария фæхицæн кæнынмæ нæ хъавы. Афарста мæ: - Æмæ ныр мæн тыххæй куы фыссай, уæд дзы Ирæйы кой не скæндзынæ? - Адæм афтæ куы дзурынц, никæимæ фидауыс... - Ирæ уыдон хуызæн нæу, - зæгъы Мария. - Мæнæ нæ ног фермæйы куы æрбæстон уæм, уæд ын рахицæн кæндзынæн кæрчытæ æмæ хъуамæ ерыс кæнон йемæ. Мах хъуамæ æппынæдзух дæр раззагдæртимæ уæм!.. Нæхимæ райстам хæс афæдзы дæргъы алы каркæй дæр 220 айчы райсын. Азы фыццаг æмбис алы карк дæр æрæфтыдта 110 айчы. Дызæрдыггаг нæу, азы кæронмæ нæ, фæлæ партийы XXII съездмæ кæй ахицæн кæндзыстæм нæ хæс. - Ау, æмæ афтæ сдæсны ис? - Æппындæр ыл дызæрдыг нæ кæнын... Бирæ уарзы ацы куыст. Хæрз æрыгон у Ирæ. Райгуырди 1941 азы, фæлæ æдце бакæсгæйæ - цæсгомæй дæр æмæ асæй дæр нырма - сывæллон. Уæртæ ныртæккæ дæр бады кæрчыты цур къуыбыргондыл. Кæрчытæй иу сындæггай æрбахызт æмæ Ирæйы хъæбысы æрбадт. Ирæ карчы сæр æрбахъæбыс кодта йæ уадулмæ æмæ уый дæр ныссабыр, хъахъатæ кæны. 432
- Аст къласы йеддæмæ нæ фæдæн астæуккаг скъолайы, фæлæ мын техникуммæ æнæ бацæугæ нæй,- дзуры мын Ирæ. - Æмæ уый фæстæ та? - Уый фæстæ та акусдзынæн, стæй бæрæг уыдзæн... Рæгьаугæс æрбацыд нæ размæ, æрхызт йæ бæхæй æмæ æрбадт нæ цуры. - Æри-ма, дæ бæхыл абадон, - фæцырд æм Ирæ. - Нæ, ныртæккæ хъом дон дарынмæ скъæрын хъæуы... - Омæ сæ æз баскъæрдзынæн, ды уал ам абад! Ирæ уайтагъд февзæрд саргъыл æмæ уæртæ фæтæры хъом донмæ. Фæстæмæ куы æрбаздæхт, æмæ рæгъаугæс куы ацыд, уæд йæхи сраст кодта. - Хорз лæг у, уый йеддæмæ йæм нæ бауæндыдаин, кæрчытæ дæр æндæр искæй цур нæ ныууагътаин. - Партизанкæ та дæ цæмæн хонывц, Ирæ? - Æмæ-гъа, кæд ам иунæгæй кæй баззайын, уый тыххæй... - Афтæ дæр вæййы? - Цæуылнæ! Мария Орджоникидзейы куы вæййы, уæд. - Æмæ уæд æхсæв нæ фæтæрсыс? - Цæмæй тæрсон - сечкæ дæр нæм ис. Уыцы ныхас Ирæ ахæм хъæлæсæй загъта, цыма, иугæр сечкæ ис, уæд дзы тасы тыххæй ныхас дæр нал хъæуы. Фæлæ йæм, æвæццæгæн, йæхи уæндондзинад фæныллæгдæр кæнын дæр нæ цыд æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта: - Æмæ нæ сечкæ дæр хъæрццыгъатæ тæрсын кæнынæн хъæуы, æндæр цæмæй тæрсæм... Раст зæгъы Мария. Нырма Ирæ æрыгон кусæг у. Фæлæ Марияйы фæрцы базыдта кæрчытæм зилын, сæйрагдæр та уый, æмæ бауарзта уыцы куыст. Фыццаг хатт Мария æртæ боны дæргъы Ирæйы иунæгæй куы ныууагъта, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ зæрдæ æхсайдта. Фæлæ фермæмæ куы ныццыд, уæд йæхи цæетæй федта: йæ æрыгон æххуысгæнæг Ирæ 1800 каркæй æртæ боны дæргъы æрæмбырд кодта 4460 айчы, Мария йæхæдæг Цас æмбырд кодта, уый бæрц! 433
...Нæ разы цъæх нæууыл хизынц кæрчытæ. Цæгат-скæсæиæй хъарм дымгæ тындзы хæхтырдæм. Тыгъд быдыры кæрон æрбахæццæ Алагирмæ, чысыл ма фалдæр бауад æмæ аныгъуылд хæхты бын. Хæхтæ кæрæдзийы сæрты кæсынц дæлæмæ цъæх- цъæхид æнæкæрон быдыртæм. - Ирæ, равдис-ма де стихтæ, - дзурын чызгмæ, иугæр куы бафиппайдтон, æфсæрмы мæм нал кæны, уый, уæд. - Æмæ куынæ бæззынц... - Æри-ма, фенæм сæ! - Фермæйы сты... Æнæ кæсгæйæ дæр сæ зонын. Фыццаг мын радзырдта йæ ирон æмдзæвгæ, стæй мæ афарста: - Мæхи тыххæй афтæ фыссæн нæй уырыссагау, цыма нæлгоймаджы номæй дзурын? - Цæуылнæ. Стих цæуыл фыст уа, уымæ гæсгæ. - Æмæ уæдæ иу ныффыстон уырыссагау æмæ дын æй радзурон. Йæ сæр афтæ у: «О себе, как о туристе». Радзырдта мын Ирæ йе стих æмæ мæн дæр фæнды очерк Ирæйы стихы фæстаг куплетæй фæуын: Я стоял на хребте перевала, Видел голые скалы и снег. Но жалел, что достиннуто мало - Мной еще не исхожен Казбек. —<©$©>- 434
Тотойты Михал, С. М. КИРОВЫ ЖУРНАЛИСТОН КУЫСТ ГАЗЕТ «ТЕРЧЫ» I Советон адæм хорз зонынц Коммунистон парти æмæ нæ паддзахады зынгæ архайæг С. М. Кировы. Уый уыд В. И. Ленины иузæрдион ахуыргæнинаг, коммунизмыл тохгæнæг, революцийы курдиатджын трибун, уырыссаг æртæ революцийы активон архайæг. Кировы ном тынг зынаргъ у Кавказы адæмтæн. Уый уыдоны æхсæн бирæ фæкуыста, æмæ йæ уарзгæ дæр уый тыххæй кæнынц æнæкæрон бирæ. С. М. Кировы Октябры революцийы размæйы цард æмæ йæ архайд чи фæбæрæг кæны, уыдон тынгдæр сæ хъус фæдарынц у ымæн йæ сусæг революцион куыстмæ. Æмæ æмбæлгæ дæр афтæ кæны. Фæлæ йын йæ журналистон куыстмæ сæ цæст уыйбæрц нæ фæдарынц, афтæмæй та Кировæн йæ журналистон куыст у йæ революцион архайды зынгæ хай, уымæй тынг ахъаз кодта Цæгат Кавказы æппæт адæмты революцион ссæрибаркæнынадон зондахасты рæзтæн. 1909 азы Кировы Томскы æрцахсынвæнд куы скодтой, уæд ралыгъд æмæ æрцард Дзæуджыхъæуы. Цыбыр рæстæгмæ ам йæхи сбаста бынæттон болыневиктимæ, æфсæнвæндаджы ма- стерскойты, завод «Алагир», типографи æмæ æндæр куыстуæт- ты кусджытимæ. Ам С. М. Киров райдыдта сусæг куыст кæнын æмæ ссис Терчы облæсты партион организациты æмæ фæл- лойгæнджыты уарзондæр разамонджытæй иу. Дзæуджыхъæуы сусæг партион организацийы сæргъы æрлæугæйæ, Сергей Ми- ронович фидар кодта партийы рæнхъытæ, уыимæ уый дзыллæты цæттæ кодта падцзах аппарыныл хъæбатыр тохмæ, æгьатырæй хурмæ хаста меньшевиктæ æмæ эсерты гадзрахатæй цæуæг «по- литикæ, дзыллæты хъомыл кодта пролетарон интернационализ- мы уагыл, сидтис сæм империалистон хæст граждайнаг хæстмæ разилыны ленинон тырысайы бын æрлæууынмæ - революцион тохмæ. 435
1909 азæй 1917 азы онг С. М. Киров куыста либералон- прогрессивон газет «Терчы» репортерæй, фæлæ æцæгдзинадæй та газетæн разамынд лæвæрдта уый йæхæдæг. Уыцы азты дæргъы ныффыста сæдæгай статьятæ, уацхъуыдтæ, рецензитæ æмæ æндæр æрмæг. Кæд цыфæнды зын уыд, уæдцæр С. М. Киров журналистон куыст кодта, сусæг революцион куыст куыд зæрдиагæй æмæ æвæллайгæ кодта, афтæ. Киров æдзухдæр тырныдта, цыфæнды тызмæг цензурæйы æууæлты дæр йе статьятæ цыргъ куыд уыдаиккой, уымæ. Æмæ Терчы фæллойгæнджыты кълассон æмбаргæдзинад æмæ революцион зондахасты рæзтыл дæр афтæ тынг уымæн фæзындысты. II Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Киров ныффыста бирæ статьятæ Уæрæсе æмæ Кавказы адæмты æхсæнадон царды алыхуызон фарстаты фæдыл. Статьяты иу хайы, фæсномыгæй дзургæйæ, уый фыста æлдариуæггæнæг буржуази æмæ помещикты ныхмæ, æргом кодта уыдоны реакцион политикæ æмæ идеологи. Зындгонд куыд у, афтæмæй йæ æрцахсты онг (1911 аз) С. М. Киров йе статьяты бынмæ æвæрдта ном «С. Миронов». Томскæй фæстæмæ Владикавказмæ куы сыздæхт, уæд ын йе ’мкусæг æмбæлттæ æрхъуыды кодтой ног сусæг ном «Киров» (йæ бындуры ис рагон персайнаг хæстон разамонæг Киры мыггаг). У ыцы литературон сусæг ном ссис йæ ног мыггаг æмæ йæ уымæй зыдтой милуангай адæмтæ. Газеткæсджытæ-иу æппынæдзух стыр цымыдисæй «Терчы» алы ног номыры дæр агуырдтой Кировы цыргъ, рæстдзинадыл дзурæг статьятæ. Фæсномыгæй кæд дзырдта, уæддæр ын адæм æмбæрстой йæ сæйраг мидис, цæмæ арæзт уыдысты, уый. Паддзахы администраци дæр æнæмбаргæ кæм уыд, Кировы бирæ статьятæ хицауады ныхмæ арæзт кæй уыдысты, уый, газет сæ зæрдæмæ иæ цыд æмæ агуырдтой йæ сæхгæнынæн æфсон. Кæд æмæ газеты хицау æмæ йæ редактор Казаров Кировы статьяты тыххæй ивартæ фæфыста («Кæроны равдайæн», «Фæдис Китайы», «Фæллойы 14 сахаты», «Хæстон дунейы», «Ноджыдæр ма Панамæ» æмæ æнд.), уæддæр 436
Кировы йæ куыстæй ацух кæнын йæ зæрды дæр нæ уыд, уымæн аемæ йæ ацыд тынг фæзындаид Казаровы æфтиæгтыл - газет адæм уарзтой æмæ йæ æлхæдтой Кировы статьятæм гæсгæ. Киров цы статьятæ ныффыста, уыдонæй уæлдай карздæр уыд - «Æгьдæутты хуымæтæгдзинад». Уый газет «Терчы» мыхуыргонд æрцыд 1912 азы ноябры. Тынг уæндонæй дзы равдыста Киров Паддзахадон Думæйы реакциондзинад, йæ депутаттæ уыдысты уæййаг, хицауады уæлфадстæрджытæ, дыдзæсгæмттæ. IV Паддзахадон Думæ æвзæрст æрцыд 1907 азы æртыккæгæм июны реакцион æвзарæн закъонмæ гæсгæ. Думæйæн йæ бирæ фылдæр хай уыдысты помещиктæ, тынгдæр - буржуйтæ, сæхи хуыдтой «адæмы минæвæрттæ». Киров раргом кодта уыцы мæнгарддзинад. Уый амыдта зæгъгæ, æвзæрстыты фæстæ парламенты хъуамæ æрæмбырд уыдаиккой бæстæйы хуыздæртæ, адæм сæрыстыр кæмæй сты, уыдон, хъуыддаг та рауад æндæрхуызы. Паддзахы хицауад алы фыд мадзæлттæй архайдта, зæгьгæ, фыста Киров, цæмæй парламент йæ иу ныхасыл дæр дыууæ ма зæгъа, ууыл... Ныр бынтондæр рабæрæг, IV Думæйы æнæмæнг æлдариуæг кæй кæндзысты тæккæ хъæхъхъагдæр, Пуришкевич æмæ Замысловскийы хуызæн реакционертæ... Мах афтæ хъуыды кæнын сахуыр стæм, æмæ Уæрæсейы ис культурон тыхты æмæ хъæздыгдзинæдты æвидигæ суадон, зæгъгæ, ныр æвиппайды йе ’ккоймæ сбырыд, йæ фылдæрмæ иунæг хорздзинад — «резинæйæ» рæвдз архайын, ома дæрæн кæнынмæ дæсны чи у, ахæм парламент, фыста Киров. III æмæ IV Думæтæ паддзахы хицауады хъуыдысты æрмæстдæр йæ мидбæстон æмæ æддагон политикæйы реакцион мидис бамбæхсынæн, æмæ уыдон æнæ уæлдай ныхасæй хорзыл нымадтой хицауады алы фыдракондцзинад дæр. Амæй реакциондæр закъон нæй, зæгъгæ-иу ахæмы Думæйы куы сфидар кодтой, уæддæр-иу паддзахы хицауад загъта, «адæмы минæвæрттæ» йæ хорзыл банымадтой. Уымæ гæсгæ тынг ахсджиаг уыд, Думæйы депутаттæн, иуæй-иутæй фæстæмæ, кæй ницы уыдис иумæйагæй адæмимæ, цы закъонтæ фидар 437
кодтой, уыдон адæмы пайдайæн кæй нæ уыдысты, Киров газеткæсджытæн æмбарын кодта, «адæмы минæварадыл кæй нæй нымайæн, Пуришкевичы хуызæн хъазæн хъултæ адæмы минæвæрттыл нымад кæм сты, уыцы учрежденийæн» куыд ис кусæн, фæрсыКиров, йæ фылдæрзæронд, фæстæзад цардарæзтмæ кæмæн тырны, депутатты ахæм палатæйæн? Падцзахы хицауады цæстмæ æмæ сæхицæн фæндаг скæныны тыххæй Думæйы депутаттæ æнцонæй ивтой сæ политикон цæстæнгас», цæмæй бахизой иу бандонæй иннæмæ. «Рахизырдыгæй чи бады, нæ уыцы политикон архайджытæ, - амыдта Киров, - куы бахъæуы, уæд диссаджы тагъд æмæ æнцонæй сæхи ацахорынц æндæр ахорæнтæй». Цæмæн афтæ дардтой сæхи Думæйы депутаттæ? У ыцы фарстæн Кировы дзуапп у ноджыдæр ма иу цæф Думæйæн, паддзахы хицауадæн. «Уый уымæн афтæ у, æмæ нæ депутатты фылдæр хай бирæ æууæлтæм гæсгæ, адæммæ лæууынц тынг дард... Политикон дымгæ кæцырдæм аздæха, уыцырдæм аздæхы Думæйы закъонаразджыты фылдæр, хай». Гъе, афтæмæй Кировы уыцы статья арæзт уыд æрмæст паддзахадон Думæйы ныхмæ нæ, фæлæ æппæт хæдхæцæг паддзахы хицауады æмæ йæ социалон æнцой - помещиктæ æмæ буржуазийы ныхмæ. Æмæ статьяйы автор, стæй газеты хицауы ныхмæ дæр уголовон хъуыдцаг хуымæтæджы не скодтой. Статья кæд фæсномыгæй фыст уыд, базмæлын кодта æхсæнад. Бынæттон хицауад, уæддæр бомбæ куыд фехæла, афтæ фæтарст, цы акодтаид, уый нæ зыдта. Дзæуджыхъæуы окруджы суды прокурор уайтагъд райдыдта слест кæнын. Слест цыдис афæдзы æмбисы бæрц, фæлæ Романовты династийыл 300 азы кæй сæххæст, уый тыххæй рацыд манифест. Амнистимæ гæсгæ окруджы суд бауынаффæ кодта статьяйы автор æмæ газеты хицауы ныхмæ уголовон хъуыддаг сæхгæнын, статья кæм мыхуыргонд уыд, газеты уыцы номыр фесафын. Статья «æгъдæутты хуымæтæгдзинады» фæстæ паддзахы цензурæ тызмæгдæрæй каст газет «Терк»-мæ, уæлдайдæр та Кировы статьятæм. Фæлæ-иу уæддæр Кировы къухы бафтыд рæстæджы ахсджиагдæр фарстатыл æрдзурынæн, хæдхæцæг паддзахы хицауады реакцион политикæ раргом кæнынæн. 438
1914 азы Уæрæсе бацыд фыццаг империалистон хæсты. Киров тынг арæхстджынæй спайда кодта легалон газетæй хæсты тыххæй большевикты цæстæнгас пропагандæ кæнынæн. Ахæм статьятæуыдысты: «Хæст», «Хæстыагъоммæ», «Сабырдзинадыл тох», «Хæстæй сабырдзинадмæ», «Хæст æмæ наукæ», «Хæст æмæ хъæу» æмæ æндæртæ. Уыдоны Киров хурмæ хаста хæсты империалистон мидис, æвдыста адæмы политикон зондахасты рæзт æмæ, дыууæ империалистон лагеры ныхæй-ныхмæ кæй фесты, уымæй капитализм æнæмæнг сæфтмæ кæй æрцæудзæн, уый. Йе статья «Хæстæй сабырдзинадмæ»-йы (1915 аз) Киров фыста: «...мах лæууæм дунеон социалон-политикон цавæрдæр фæзылды агъоммæ. Цавæр уыдзæн, уый нырма бынтон бæлвырд нæма у, фæлæ æнæмæнг кæй æрцæудзæн, уый бæлвырд у». Уыцы статьяйы ма Киров дæрæн кæны II Интернационалы социал-демократон партиты разамонджыты, сæ бæстæты империалистон хицауадты фарс кæй фесты æмæ кусæг къласыл гадзрахатæй кæй рацыдысты, уый тыххæй. «Уыдон, хуымæтæджы буржуазон либералы хуызæн, тынг æнувыдæй лæууынц хæсты идеяйы фарс», - фыста Киров. Киров йе статьяты иу æмæ дыууæ хатты нæ худтис меныые- викты догматизмы, метафизикæ æмæ вулыарон материализмыл. Меньшевикты философи дæрæн кæнгæйæ, Киров æххуыс кодта æрыгон фæлтæры раст фæндагыл æрлæууын кæнынæн, дунемæ революцион цæстæнгас дарынæн. Карз цензурæйы æууæлты Кировæн, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ бон нæ уыд фæсивæдæн комкоммæ марксизмы тыххæй дзурын æмæ уымæ гæсгæ йæ цæстæнгас тынг дардта уырыссаг революционерты демократгы бынтæм. Уыдоны тыххæй мыхуыры дзурæн уыдис. 1911 азы В. Г. Белинскийы райгуырды 100 азы бонмæ Сергей Миронович рауагъта иттæг хорз статья «Великий искатель». Белинскийы цард æмæ сфæлдыстадон фæндагыл дзургæйæ, Киров равдыста стыр критикы егъау бынат уырыссаг ссæрибаркæнынадон змæлды, Уæрæсейы рухсадон æмæ материалистон философийы рæзты. «Тургенев Белинскийы хуыдта «центрон фигурæ»,- фыста Киров, - растдæр зæгъгæйæ та йæ схонын хъуыди уырыссаг æхсæнадон хъуыдыйы Моисей, 439
кæцы йæ ракодта бæгънæг абстракцийы талынг æдцæг-мидæг къуымтæй реализмы над фæндагмæ... Уый хæрдмæ систа, мах фæлтæры фæндаг чи рухс кæны, дунемæ наукон цæстæнгасы уыцы ирд цырагъ». III Киров цы публицистикон бынтæ ныууагъта, уым стыр бынат ахсынц, уæлдæр скъола æмæ, адæмон ахуырады тыххæй цы статьятæ ныффыста, уыдон («Политикæйы ныхмæ», «Теори æмæ практикæ», «Уæлдæр скъолайы», «Скъолаты реформæйы тыххæй», «Ног скъола» æмæ æндæртæ). Сергей Миронович уыд æппæтадæмон ахуырады фарс, фæлæ уый хорз æмбæрста, уыцы хъуыддагæн паддзахдзинады æууæлты гæнæн кæй нæй, ахуырады йæ политикæ реакцион кæй у, уый. Ленины амынддзинæдты бындурыл Киров æргом кодта уæды рухсады министрады реакцион политикæ (Ленин рухсады министрады хуыдта «адæмы талынгдзинады министрад»). Йæ ныхæстæм гæсгæ, министрад уыд, уæлдæр скъола политикæйæ иппæрд цæмæй уа, уый фарс, фыста Киров йе статьяйы «Политикæйы ныхмæ»-йы, хъуьщдагæй та лæууы рахизты, реакционерты фарс æмæ скаст нæ уадзы прогрессивон элементты. Зæгъæм, профессорты бынат бацахсыныл кæнæ профессорты æндæр ранмæ раивыны, йе та фæсарæнтæм профессоры бынатмæ бацæттæ кæныны тыххæй, искæйы арвитын куы фæхъæуы, уæд министрад равзары кандидат æрмæст рахиз лагерæй, паддзахы хицауадыл иузæрдион чи у, ахæмы. Министрады уыцы гадзрахатæйцæуæг политикæ хорзыл нымадта паддзахы хицауад. Æмæ уый Киров æргом кæны. Статьяйы дзырд «хицауад» нæй. Киров æй баивта «офи- циалон цæстæнгасæй». «Официалон цæстæнгас» разы у рухсады министрады цæстæнгасимæ æмæ Кассойы (рухсады министр. - Т. М.) циркуляртæ æиæмæнг бахæссинагыл нымайæн нæй, зæгъгæ, Киров куы фыста, уæд газеткæсæг бæлвырд æмбæрста, ныхас кæй цæуы демократон змæлды æмæ адæмон рухсады цыфыддæр знаг - паддзахы хицауадыл. 440
Паддзахы хицауады реакцион политикæйы ныхм,æ арæзт у йæ иннæ статья «Теори æмæ практикæ» дæр. Ам дæр та фæсномыгæй, фæлæ бæлвырддæр æмбарын кæны, рухсады министрад, «политикон æгъдауæй» зæрдæдаргæ чи нæу, уыцы профессорты иу ранæй иннæ ранмæ раив-баив кæнæ æмæ сæ куыстæй кæй исы, цæмæй студентты ма «халой», æрмæстдæр уый тыххæй. Министрад тынгдæр тарст «скъола, уыимæ уæлдæр скъола дæр, - фыста Киров, - исты хуызы политикон зондахаст хæлиугæнæг куы суа, уымæй». Гъе, афтæмæй рухсады министрады циркуляртæ æрмæст йæ дыдзæсгомдзинадыл нæ дзырдтой, фæлæ ма æвдыстой, скъолатæм дæр чи фæхæццæ, уыцы тагъд рæзгæ революцион змæлдæй æлдариуæггæнæг къластæ куыд тынг тарстысты, уый. Сергей Миронович тынг критикæ кодта уæлдæр ахуырады хъуагдзинæдтæ. Уæлдæр скъолатæ адæмон хæдзарадæн фаг нæ лæвæрдтой кадртæ. Йе статья «У æлдæр скъола»-йы Киров фыста, уæлдæр скъолатæм курдиаттæ бацæуы бирæ, фæлæ сæм исгæ та хæрз чысыл ракæнынц. Статьяты ис диссаджы æвдисæнтæ. 1912 азы Уæрæсейы уæлдæр скъолатæ райстой 25 мин адæймаджы, ссæдз мин адæймагæн та сæ курдиæттæ фæстæмæ раздæхтой, бынæттæ фаг кæй нæ уыд, уый аххосæй. Уæлдай фылдæр адæм тырныдтой сæрмагонд скъолатæм. Афтæ, техникон скъолаты иу бынатмæ уыд 16 курдиаты, Екатеринославы хæххон институтмæ та бынатмæ бацыд 450 курдиаты. Сæ хъуыддаг бынтон æвзæр уыд чысыл нацитæн. Уыдонæн, уæлдайдæр та дзуттæгтæн, скъолаты дуæрттæ искуы-иу хатт йеддæмæ нæ гом кодтой. Киров амыдта, дзуттæгтæн уыди бар курдиат бадæттынæн, фæлæ сæ уæлдæр скъолатæм нæ истой, зæгъгæ. Уый критикæ кодта рухсады министрады, Уæрæсейы центрæй фæстæмæ, дæрддзæф рæтты уæлдæр скъолатæ кæй нæ арæзта, уый тыххæй. «Уырыссаг промышленносты бындур - æнæхъæц Уралы районы иу уæлдæр скъола дæр нæй», - фыста Киров. Сергей Миронович йæ цæст дардта адæмон рухоады тыххæй хицауады æппæт закъонтæм, уынаффæтæ æмæ проекттæм. Æмæ Уый хуымæтæджы нæ уыд. Киров хорз æмбæрста, æхсæнады 441
прогресс аразгæ кæй у, фыццаджыдæр, адæмон рухсад куыд парахатгонд уа, уымæй. 1912 азы центрон мыхуыры æвæрд æрцыд фарста, горæтаг æмæ хъæууон хæдзарадæн специалисттæ чи цæттæ кæндзæи, уæлдæр скъолаты ахæм ног хуыз байгом кæныны тыххæй. Сергей Миронович уайтагьддæр æрлæууыд уыцы хъуьщыйы фарс, ныффыста статья «Ног скъола» æмæ уым фыста, хъуамæ адамон хæдзарадæн кадртæ цæттæгонд цæуа тагъддæр æмæ фылдæр. «Æнæ уыдонæй, - фыста Киров, - бынæттон цард раздæрау йæ рæзты фæндагыл цæудзæн уæртджынхæфсы темпытæй». Уыцы фарстайыл ма Киров фыста йæ иннæ статья «Скъолаты реформæйы тыххæй», зæгъгæ, уым дæр. 1915 азы хицауад бацæттæ кодта æппæт скъолаты реформæйы проект. Ахæм реформæ æнæмæнг хъæуы, фыста Киров, фыццаджыдæр Уæрæсейы æнæкæрон кæнынадон тыхтæн рæзыны фадат раттынæн, ахæм реформæ тынг кæй хъæуы, уый рагæй дæр бæрæг уыд, уымæн æмæ бирæ ахуыргонд специалисттæ хъæуы бæстæйы. Кæд æмæ хæст цыдис, «уæдцæр, - фыста Киров, - уæлдæр скъола фендæрхуызон кæныныл фæстиатгæнæн нал ис, дунеон кризисы фæудмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй». Скъолаты реформæйы проекты хъуагдзинæдтæ критикæ кæнгæйæ, Киров амыдта, зæгъгæ, проект хъахъхъæныны сæрмагонд къласты нысантæ фæллойгæнджыты цотæн та дзы уæлдæр скъоламæ бацæуынæн уыдис бирæ цæлхдуртæ. Рухсады министрад-иу арæх фæзмыдта хурныгуылæйнаг Европæйы бæстæты реакцион, уæлдайдæр та немыцаг адæмон рухсады системæ. Сергей Мироновнч уæндондæрæй дзырдта скъолаты бонджынты цот йеддæмæ бынат кæй никæмæн ис, скъолаты реакционертæ æмæ зондталынггæнджытæ æлдариуæг кæй кæнынц, уый ныхмæ, æмæ фыста, «афон у, нырмæ уæлдæр скъолатæ цы фæндагыл цыдысты, уымæй сæ раздахынæн æмæ университетон наукæты сæрмагонд кæй хонынц, уыцы скъолатæй хицæн кæнынæн кæрон сæвæрынæн»; афон у бамбарын, фыста уый дарддæр, уавæртæ кæй домынц, уыцы хицæндзинæдтæ фесафынæн. 442
Сергей Миронович æнауæрдонæй хурмæ хаста хицауи- уæггæнæг къласты гадзрахатдзинæдтæ. Астæуккаг скъолаты реформæйы проекты хорзыл банымадта Паддзахадон Думæ, фæлæ йыл хицауад не сразы, хицауад не сразы скъолаты ныйй- арджыты къæмистæ саразыны проектыл дæр, æмæ уый тыххæй Киров амыдта, зæгъгæ, мыййаг, уымæн не сразы сты, æмæ пад- дзахад æмæ скъолатæн пайдадæр уа, фæлæ не сразы сты, фыц- цаджыдæр, сæхи бинонты интерестæм гæсгæ. Алчидæр дзы йæ цæстæнгас дардта, фыста Киров, «йæхи хъæбулмæ, скъолайы царды фарстатæ сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдысты. Нау- кон-хъомыладон хъуыддагыл нæ, фæлæ йæ цоты хорздзинад æмæ сæ аттестаттыл уыд алы ныййарæджы мæт дæр... Паддзахы хицауад зыдта, ахуыргаднджытæй революцион организациты, уæлдайдæр та РСДРП(б)-йы, чысыл кæй нæй, уый. Гъе, ахуыргæнджыты цыфæнды æмбырдтæ æмæ съездтæй дæр уымæн тарст æмæ съездтæ æмæ æмбырдтæ цæмæй ма кæной, ууыл архайдтой иудадзыгдæр. Ахуыргæнджыты сæрыл дзургæйæ, Киров Терчы крайы æхсæнады арæзта хæдхæцæг паддзахы хицауады æмæ уымæн йæ реакцион политикæйы ныхмæ. Æмæ уый тыххæй ныффыста статья «Кусыны бар кæмæн нал ис, уыцы курсытæ». 1907 азы раззагдæр ахуыргæнджыты хъæппæрисæй демократон бындурыл Петербурджы арæзт æрцыд аху ыргæнджыты æрвылазон курсытæ саразыны æмæ сын разамынд дæттыны тыххæй иудадзыгон къамис. Уыцы курсытæ фæкуыстой 1912-æм азы онг. Алы аз дæр- иу сæм æрæмбырд фондзыссæдзгай ахуыргæнджытæ, фылдæр кодтой сæ зонындзинæдтæ æмæ педагогон дæсныйад. Стæй уыцы иудадзыгон куыстыты министрад сæхгæдта, ахуырадон округты сарæзтам министрадон курсытæ æмæ кæй фæнды, уый уырдæм цæуæд, зæгъгæ. Фæлæ сæм ахуыргæнджытæ хæстæг Дæр нæ бацыдысты. Ахуыргæнджытæ уыдысты иудадзыгон къамисы курсыты фарс. Уый бæрæгу цифрæтæй дæр: къамис цы кУрсытæ сарæзта, уырдæм хъуамæ æрцыдаид 2000 адæймаджы, министрадон курсытæ кæй хуыдтой, уырдæм та сæхи ныффыстой æрмæст 120 ахуыргæнæджы. 443
Курсытæ æхгæд æрцыдысты, уымæн æмæ падзахады хицауад тарстис, Петербурджы чи стыхджын, уыцы революцион змæлды тæфаг курсыты чи уыд, уыцы ахуыргæнджытыл дæр куы фæзына, уымæй. Реакционертæ ахæм цæстæнгас дардтой, 1913 азы ахуыр- гæнджытæн цы съезд уыдис, уымæ дæр. Уый тыххæй Сергей Миронович дзуры дыууæ статьяйы - «Ахуыргæнджыты съез- ды агъоммæ» æмæ «Рухсады бæрæгбон»-ы. Реакционерты нæ фæндыд, съезд столицæйы цæмæй уыдаид, уый. Фæлæ йæ ба- уромын сæ бон нал уыд. Съезд саразыныл ныхас цыд 1903-æм азæй фæстæмæ, фæлæ йæ аразгæ та скодтой дæс азы фæстæ. Киров фыста, уымæн цæлхдур уыдысты, «фæстаг дæс азы хъæздыг кæмæй у..., уыцы бирæ мидбæстон æмæ æддагон ца- утæ», зæгьгæ. Зын бамбарæн нæ уыд, фыццаг уырыссаг буржу- азон демократон революци æхсæнадон царды цы социалон эко- номикон æмæ политикон арф хъуыдытæм æркодта ныхас, ууыл кæй уыд. Съезд уыд æцæг дзыллон - Уæрæсейы алы кæрæттæй йæм æрцыд 6 мин адæймаджы, йæ сæйрагдæр хæс уыд, «теоретиктæ æмæ практиктæм» цы фæлтæрддзинад уыдис, ууыл æрныхас кæнын æмæ скъолаты ахуыр фæхуыздæр кæнынæн мадзæлттæ бацамонын. Киров фыста, зæгъгæ, æрцæуæггаг ахуыргæнджыты тынг фæнды стыр бынæтты кусджытимæ фембæлын. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ бирæ ахуыргæнджытæ кæрæдзиимæ куы фембæлдаиккой æмæ фæныхас кодтаиккой, уæд уый тынг фæзындаид сæ революцион зондахастыл, æмæ министрады чиновниктæ дæр съездмæ уымæн афтæ æхгæддзыхæй æрбацыдысты. Киров куыд фыста, афтæмæй, рухсады министрады уæнгтæй съездæн арфæйы ныхас дæр ничи ракодта. Газеткæсджытæн Сергей Миронович æмбарын кодта, æхсæнады прогрессивон рæзты ахуыргæнæджы ахадындзинад кæй у, паддзахы мииистртæ куыд æнхъæл сты, уымæй бирæ фылдæр. Адæмтæ кæддæриддæр стыр аргъ кодтой æмæ бирæ уарзтой рухсады кусджыты ахуыргæнджыты. Ахуыргæнджыты æппæтуæрæсеон фыццаг съезд арæзт æрцыд министрады бадзырдмæ гæсгæ нæ, фæлæ аху ыргæнджытæн сæхи раззагдæрты 444
хъæппæрисмæ гæсгæ, æмæ йын Киров ахæм стыр аргъ дæр уымæн кодта. Мæнæ цы фыста Киров съезды историон ахадындзинады тыххæй: «Кæй зæгъын æй хъæуы, зын æнхъæлмæ кæсæн уыд, ахуыргæнджыты æппæтуæрæсейон фыццаг съезд адæмон скъолаты ног уд, се ’ппæт цард дæр сын сног кæнын йæ бон кæмæн у, ахæм уддзæф дзы бауадздзæн, уымæ. Уый æнæрцæугæ диссаг уыдаид. Ахæм диссагмæ та съезды уæвджытæй æнхъæлмæ ничи каст. Фыццаг съезд хъуамæ суа ног дуг фыццаджыдæр ахуыргæнæгæн йæхи царды; баххуыс ын кæндзæн йе стыр бæрнон хæс бамбарынæн... Йе ’мкусджыты стыр æфсадыл сæмбæлгæйæ, адæмон ахуыргæнæг фендзæн, йæ къухы цы домбай æмæ зæрдылдаргæ хæцæнгарз ис æмæ адæмы талынгдзинады ныхмæ цы егъау æфсад цæуы, уый»... Кировы уыцы хъуыдытæ, æнæмæнг, ныфс лæвæрдтой Терчы облæсты ахуыргæнджытæн дæр. Газет «Терк» уыцы заман уыдис облæсты тæккæ зындгондцæр, уымæй фылдæр никæйы кастысты. С. М. Киров та уыдис газеты тæккæ зындгондцæр журналист, йе статьятæ йын зæрдиагæй кастысты крайы æппæт раззагдæр интеллигенттæ. Уый статьяты раззагдæр ахуыргæнджытæ, крайы æппæт демократон интеллигенци хъуыстой кусæг къласы раззагдæр отряд, пролетарон партийы хъæлæс. IV Киров йæ публицистикæйы стыр бынат радта паддзахы заман тæккæ цагъайрагдæр æмæ æнæбардæр чи уыд, уый - сылгоймаджы бартæ хъахъхъæнынæн. Уый нæлгоймагимæ æмбæл скæныны, уæлдæр скъолаты ахуыр кæныны бар ын раттыны фарстатыл Киров ныффыста къорд статьяйы («Сылгоймæгты ныхмæ», «Сылгоймæгты бартæ фæфылдæр кæныны тыххæй», «Сылгоймаг æмæ скъола» æмæ æнд.). Киров афтæ куы загъта, «антифеминизмы уидæгтæ Уæрæсейы тынг арф сты», зæгъгæ, уæд сылгоймæгты æнæбардзинад кæны фыццаджыдæр хæдхæцæг паддзахы цардарæзт æмæ æлдариуæггæнæг консерваторты - реакционерты аххос. 445
Киров тынг мæстыйæ фыста, æхсæнадон æмæ политикон царды сылгоймагæн кæй ницы бартæ ис, уый ныхмæ. Киров сидтис æхсæнады прогрессивон тыхтæм сылгоймаджы бартæ бахъахъхъæнынмæ. Сылгоймæгтæн политикон бартæ ратгыны ныхмæ уæлдай тынгдæр уыдысты дворянтæ æмæ диныкуыстгæнджытæ. 1912 азы сылгоймæгтæн юрист уæвыны бар раттыны фарстайыл Падцзахадон Думæйы ныхас куы цыдис, уæд реакционертæ, Пуришкевич сæ сæргъы, афтæмæй хъæр систой, сылгоймагæн ахæм бар куы раттæм, уæд паддзахады æфсарм нал уыдзæн, наукæтæ æнтыстджынæй чи ахуыр кæны, уый кæны æнæфсармдæр, зæгъгæ. Киров уыцы реакционертыл скодта худинаджы гакк, уыдон сæ архайд феодалон царды бындуртыл кæй арæзтой, уый тыххæй. Уыдон уыдысты канд сылгоймæгты ахуыры нæ, фæлæ æхсæнады царды цыфæнды прогрессы знæгтæ дæр. Сергей Миронович сæ дзæгъæлы нæ хуыдта обскуранттæ (рухсады ныхмæ лæуджытæ). С. М. Киров тынг æууæндыд сылгоймаджы сфæлдыстадон хъарутыл æмæ тох кодта уымæн бæстæйы æхсæнадон-политикон царды активонæй архайыны фадат раттыныл. «Мæ хъуыды ахæм у, - фыста уый, - æмæ сылгоймæгтæн раттын хъæуы юриспруденцийы архайыны уæрæх бартæ». Уыцы иу рæстæг С. М. Киров дзырдта, нæлгоймаджы æм- хуызон сылгоймагæн дæр уæлдæр скъолатæм цæуыны бар цæмæй уа, ууыл. 1913 азы уый ныффыста статья «Сылгой- маг æмæ скъола». Уым бæрæг кодта, куыд зæрдылдаринаг цау, Уæрæсейы медицинæйы уæлдæр ахуыргонддзинадимæ фыццаг сылгоймаг куы фæзынд, ууыл 35 азы сæххæсты бон. «Фæстаг азты, — фыста С. М. Киров, — Уæрæсе хъæздыгдæр кæны фон- дзыссæдзгай æвзонг сылгоймаг дохтыртæй, æмæ сылгоймаг дохтыр ссис тынг нымад гражданкæ». Киров сидтис раззагдæр æхсæнадмæ, цæмæй уый æххуысæй тагъддæр сæфт æрцыдаиккой, сылгоймаджы ахуырады размæ ма цы цæлхдуртæ уыд, уыдон. Сылгоймæгты фарста тынг ахсджиаг кæй уыд уыцы рæстæг, уымæ гæсгæ ма Киров ныффыста статья «Сылгоймæгты домæнтæ». Уый ноджы уæндондæрæй дзуры, паддзахадон 446
учреждениты сылгоймæгтæн нæлгоймæгты хуызæн бартæ ратгыны, адвокатурæмæ сæ бауадзыны, горæтты думæтæм сын æвзарыны бартæ раттыны тыххæй æмæ афтæ дарддæр. Киров тынг критикæ кодта Паддзахадон Совет, сылгоймæгты фарстаты прогрессивон æхсæнады домæнтыл кæй не сразы, уый тыххæй. Падцзахадон уæлдæр оргæнты критикæ кæнгæйæ, Сергей Миронович газеткæсджытæн æмбарын кодта, хæдхæцæг паддзахдзинад æмæ йæ аппарат кæй бамбыд æмæ кæй ссис æхсæнады рæзтæн цæлхдур. С. М. Киров хурмæ хаста æлдариуæггæнæг кълæсты æмæ йæ хæлгæ аппараты хъуыддæгтæ. Фæлæ цензурæйы дæлбар мыхуыры карздæр зæгъынæн æрхъуыдыгæнæн ницы уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, С. М. Киров хорз æмбæрста, сылгоймаджы кæронмæ кæй ссæрибар кæндзæн æрмæст социалистон революци, уый цалынмæ нæма æрцыд, уæдмæ та архайын хъæуы ууыл, цæмæй сылгоймаг æнцад-æнцойæ ма æнхъæлмæ кæса, фæлæ активон тох кæна йæ бартыл, йæхи ссæрибар кæныныл. V Сергей Миронович йæ цæстæнгас тынг здæхта хæххон адæмы рухсадмæ, бынæттон прогрессивон интеллигенцимæ, æххуыс ын кодта йæ архайды. Киров-иу æрлæууыд бынæттон интеллигенцийы алы хорз райдайæны фарс дæр. Афтæ, йе статья «Фыццаг дур»-ы Киров, тынг хорзыл нымайы, адæмæн лекцитæ кæсыны æхсæнад педагог Нигровскийы хъæппæрисæй Владикавказы Адæмон Хæдзар саразын кæй бауынаффæ кодта, уый. Уыцы Хæдзары бындуры фыццаг дур бавæрдтой 1915 азы 4 октябры. Киров сидт æппæт бынæттон интеллигенцимæ, уыцы бон сбæрæг кæнынмæ, фæрæзтæ æмбырд кæныныл бацархайын æмæ æнтыстджынæй Хæдзар арæзт фæуынмæ. Иæ иннæ статья «Зынаргъ скъола»-йы уый хорзыл баиымадта Владикавказы сæрмагонд астæуккаг скъола - политехникум саразыны идейæ, уымæн æмæ ахæм скъола тынг хъуыд æрмæст Владикавказы нæ, фæлæ æппæт Цæгат Кавказы дæр. Киров ^хсызгонæй фыста, зæгъгæ, Кавказы æппæт прогрессивон адæмтæ дæр цæттæ сты алцæмæй Владикавказы «адæмы 447
æхсæн иумæйаг æмæ сæрмагонд ахуыргонддзинад тауыны арæзтадæн баххуыс кæнынмæ»... «Рагæй дзурынц, - фыста уый,- Владикавказы астæуккаг политехникум байгом кæныныл. Уыцы хъуыдыйы бындур хуыздæр хъуаг нæу. Владикавказæн астæуккаг техникум уыдзæн æцæг стыр хорздзинад. Пайдайаг уыдзæн, скъола Кавказы бахизæны куы байгом уа, уæд, æнæрхъæцæй йæм æнхъæлмæ кæсы æппæт край дæр, крайы бынтондæр ссæрибар кæнынмæ арæзт паддзахадон интерестæ та домынц уыцы хъуыды царды æвæстиатæй равдисын». Фæлæ уыцы скъола байгом кæнын афтæ æнцон нæ уыд. Уый хъуамæ арæзт æрцыдаид горæтæн йæхи фæрæзтæй, æмæ Владикавказ йæ «мæллæг кассæйæ» радих кодта 300 мин сомы. Хицауады минæвæрттæ сæхи афтæ æвдыстой, цыма Владикавказы хъæппæрисы фарс сты, фæлæ загътой, цы æхца æмæ бынат радих кодтат скъолайæн, уый æппындæр фаг нæу, зæгъгæ. Политехникум байгом кæныны æууæлтæ фæвазыгджындæр сты. Киров уый тыххæй тынг критикæ кодта адæмы ахуырдзинады знæгты, æвдыста сын сæ æцæг цæсгом. Фæсномыгæй дзургæйæ, Киров фыста: «Хорздзинад» æгæр куы фæвæййы, уæд йæ æвзæрдзинæдтæн æнæ разынгæ нæй. Ахæм «хорздзинад» ма, æгæр рæдау ыл чи у, уымæн тæссаг дæр свæййы». Паддзахдзинады цардарæзтмæ æмæ йæ хæлд аппаратмæ æнæуынондзинад, адæммæ, фыццаджыдæр та кусæг къласмæ æууæнк - С. М. Кировы уыцы миниуджытæ йемæ кусджытæй алчидæр уыдта. Уу ыл бæлвырд дзурынц сæ мысинæгты Цæголты Георги æмæ Гатуты Дзахо. Зæгъæм, Гатуйы-фырт фыссы, реакцийы азты се’хсæн рауад ныхас революцийы тыххæй, зæгъгæ, æмæ, дам, С. М. Киров фæхъæр кодта: «Революци уыдзæн, æнæмæнг, уымæн æмæ ис пролетариат». Тынг зæрдæбынæй дзуры Сергей Мироновичы тыххæй Ирыстоны зæронддæр фысджытæй иу - Гулуты Андрей. Уый- иу Кировыл фембæлд 1915-16 азты газет «Терчы» редакцийы. Гулуйы-фыртæй нæ рох кæны, Киров адæммæ цы хæлар цæстæй каст æмæ сыл куыд аудыдта, уыдæттæ. 1915 азы æрыгон поэт 448
Гулуйы-фырт редакцимæ æрбахаста Хетæгкаты Къостайы фыст æмдзæвгæ «Поэты ингæны уæлхъус». Кировы фæрцы æмдзæвгæ мыхуыргонд æрцьщ газеты. Уыцы æмдзæвгæйыл дзургæйæ, С. М. Киров стыр аргъ скодта Къостайы сфæлдыстадæн æмæ фыста, Гулуйы-фырт ногæй дзуры, ирон адæмы национ поэты ном æнустæм цæмæй ма ферох уа, афтæ бакæныны тыххæй, зæгъгæ. 1916 азы Къостайы амардыл дæс азы сæххæсты бон, дзыллæтæ сбæрæг кодтой. Уыцы зæрдылдаринаг боныл фыста газет «Терк» дæр. Уыцы статья уыд Абайты Дауыты фырт Владимиры фыст. Автор куыд зæгъы, афтæмæй статья тынг фæцыди С. М. Кировы зæрдæмæ æмæ бацархайдта, тагъдцæр мыхуыргонд цæмæй æрцыдаид, ууыл. Статьяйы цыбырæй, фæлæ тынг раст аргъгонд æрцыд Къостайы сфæлдыстадæн. Уым загъд уыд: «Хетæгкаты Къостайы номимæ ирон адæмы дзыллæтæ бæттынц, хорзæй сæм цыдæриддæр ис, уый... Къоста у гений, аразæг, альтруист, ссæст æмæ æфхæрд адæмты фæндагамонæг стъалы - афтæ нымайынц ирæттæ æмæ уый у поэт гражданинæн адæмон цыртдзæвæн. Къостайæн ахæм стыр æмæ арф мидисджын аргъ нæ кодтой æппæт хуызты реакционертæ, уыимæ ирон буржуази æмæ æлдæрттæ дæр, уыдоны фæндыд Къостайы ахæм хуызы равдисын, цыма, уый уыдис æрмæст ирон адæмы поэт. Газет «Терчы» цæстæнгас баиу Ирыстоны æппæт демократон фæлтæрты хъуыдытæ æмæ цæстæнгасимæ. VI Ацы чысыл иртасæны мах не’взарæм Кировы иннæ статьятæ. Фæлæ йæ публицистикон статьятæй сæ ахсджиагдæртæй кæуыл æрдзырдтам, уыдонмæ гæсгæ скæнæм хатдзæгтæ, бацамонæм йæ публицистикæйы историон ахадындзинад. Фыццаджыдæр, зæгъын хъæуы уый, æмæ цензурæйы дæлбар чи уыд? уыцы мыхуыры Кировы статьятæ куы кæсай, уæд дзы уыныс сæ политикон цыргъдзинад, рæстæгимæ бастдзинад, пар- тиондзинад, уыныс статьяйы авторы революционер марксисты УД, кæд фæсномыгæй дзуры, уæддæр. 449 29
Революцион социал-демократты хæс уыд, демократон фæлтæртæн, фыццаджьщæр та - кусджытæ æмæ зæхкусджытæн уыцы фарстатæм марксистон цæстæнгас бамбарын кæнын. С. М. Кировы сæйрагдæр статьятæ дæр арæзт уыдысты уымæ, Уыдонæй прогрессивон æмæ демократон интеллигенцийæн æмæ газеткæсджытæн æххуыс кодта рæстæджы сæйрагдæр фарстатæ раст æмбарынæн. Хæдхæцæг паддзахы æвзæрдзинæдтæ æмæ бынæтты йæ фæсдзæуинты хъæддаг митæ арф критикæ кæнгæйæ, С. М. Ки- ров уæлдæр кодта раззагдæр æхсæнадон æмбаргæдзинад, йе статьятæй революцийы фæндагыл арæзта уæрæх дзыллæты. Кировы статьятæ бынæттон демократон интеллигенцимæ уæды социал-экономикон ахастдзинæдтæм æвзæрын кодтой революцион цæстæнгас æмæ уымæй ахъаз кодтой, раст революцион тохы фæндагыл æй æрлæууын кæнынæн. Цæгат Кавказы, фыццаджыдæр та Терчы облæсты уæрæх демократон фæлтæртæ Кировы статьяты ардтой сæ бирæ фарстатæн дзуаппытæ. Куыд уынæм, афтæмæй Кировы тохы публицистикæ æппын- фæстаг арæзт уыд хæдхæцæг паддзахдзинад æмæ капитализм революцион æгъдауæй аппарынмæ, адæмы хъуыддагмæ, про- летарон революцийы уæлахиздзинадмæ. Гъе, уымæ гæсгæ, Ки- ров Октябры революцийы агъоммæ цы публицистикон статьятæ ныффыста, уыдон сты лæмбынæг, арф раиртасыны аккаг. С. М. Кировы публицистикæ æвдисæн у нæ диссаджы курдиатæн, куыд революционер-марксист æмæ журналистæн, Паддзахы заманы зын уавæрты йæ æвæлмæцгæ революцион архайды æмрæнхъ йæ публицистикæ дæр ма уæлдай хатт æвдисы уырыссаг кусæг кълас æмæ æппæт революцион Уæрæсемæ дæр цы æнæфæцудгæ, принципиалон æмæ иузæрдион революционер ленинон уыдис, уый. Коммунизмыл стыр тохы Сергей Миронович Кировы рухс ном уыдис æмæ æдзухдæр уыдзæн советон адæмы зæрдæты. 450
Сакьшпы Муради БЫНДУРОН КУЫСТАДОН ФОНДТÆ ÆМÆ ПРОДУКЦИЙЫЛ ХÆРДЗТÆ КЪАДДÆР КÆНЫН Бындурон фондтæй амал куыд ис, афтæмæй æххæстдæрæй пайда кæныны фарстайæн ис егъау теоретикон æмæ практикон ахадындзинад ССР Цæдисы сæйраг экономикон хæс æххæст кæныны хъуыдцаджы, уымæн æмæ социалистон куыстуæтты иудадзыг æвæрд цæуы ногæй-ногдæр техникæ. Æхсæнадон фæллойы æнтысындзииад рæзыны бындур у, цы бындурон фондтæ ис, уыдонæй фылдæр пайда исын æмæ афтæмæй продукци дæттыныл æппæт хæрдзтæ къаддæр кæнын. Продукци дæттыныл æппæт хæрдзтæ къаддæр кæныны фæрцы фæстауæрцгонд цæуы фæллой, уымæн æмæ къаддæр аразын хъæуы ног куыстуæттæ, ноджы фæстауæрц исæм, раздæр арæзт чи уыд, уыцы фæллойы фæрæзтæй хуыздæр пайда кæныны фæрцы. Продукцийыл æппæт хæрдзтæ къаддæр кæныны фарстайæн ис адæмон-хæдзарадон ахадындзинад. Фæллойы фæрæзтæй хуыздæр пайда кæныны фæрцы продукци дæттыныл æппæт хæрдзтæ къаддæр кæй кæныиц, уый ахъаз у техникон прогрессы рæзтæн дæр, уæрæхдæр кæны куыстад, фылдæр ист цæуы накопленитæ. Уыдон та сты адæмон дзыллæты царды уавæртæ хуыздæр кæныны объективон æууæлтæ. Продукци уадзыныл хæрдзтæ къаддæр кæныны коэффициент æвдисы, куыстуаты цы бындурон фондтæ ис æмæ цæйбæрц продукци уадзы, уыдоны æхсæи экономикон бастдзинад, ома проду кци рауадзыны тыххæй бынду рон фондтæй ку ыд пайдагонд цæуы, уый бæрæггæнæн. Уыцы коэффициент бæрæг кæны, бæрц продукци рауадзыныл бындурон фондтæй цас хардзгонд цæуы, уый. Гъе, уымæ гæсгæ бындурон фондтæй фылдæр пайда исыны фактортæ уыцы иу рæстæг сты продукцийыл æппæт хæрдзтæ къаддæр кæныны фактортæ дæр. Раззагдæр куыстуæтты иумæйаг продукци рауадзыны бæр- Цыл цы æфты, уымæн йæ æмбисæй фылдæр ист цæуы бындурон 451
фондтæй хуыздæр пайда кæныны фæрцы. Уым иумæйаг про- дукцийы рауагъд рæзы, бындурон фондтæ куыд рæзынц, уымæй дзæвгар тагъдцæр, æмæ æвдисæн у, бындурон фондтæй цас хуы- здæр пайдагонд цæуы, уымæн, стæй ахъаз у продукцийыл хæр- дзты коэффициент ныллæгдæр кæнынæн. Раззагдæр куыстуæтты коллективтæ фæллойы фæрæзтæй куыд пайда кæнынц, уый бæрæг кæнгæйæ, раиртасæн ис, куыст- уаты мидæг фылдæр продукци уадзынæн æмæ æппæт куыстадон хæрдзтæ къаддæр кæнынæн цы егъау фадæттæ ис, уый. Куыстад цас рæвдздæр æмæ ифтонгдæр уа, уыйбæрц рæзынц куыстады резервтæ дæр продукцийыл хæрдзтæ къаддæр кæнынæн, æмæ социалистон куыстадон ахастдзинæдтæ фадат дæттынц уыцы резервтæй æххæстдæрæй спайда кæнынæн. Бæстæйы æппæт промышленносты мидат продукци уадзыныл хæрдзтæ æрмæстдæр иунæг процент фæныллæгдæр кæнын фадат дæтты цыбырдæр æмгъуыдмæ дзæвгар фылдæр продукци рауадзынæн æмæ куыстады хæрдзтæ фæкъаддæр кæнынæн. Уымæ гæсгæ коммунизм парахатæй аразыны рæстæджы бындурон фондтæй æххæстдæрæй спайда кæныныл æмæ продукци уадзыныл хæрдзтæ фæкъаддæр кæнывыл тох у коммунизм цыбырдæр æмгъуыдтæм саразыныл тох. Фæллойы фæрæзтæй цас амал ис, уыйас æххæстдæрæй пайда кæныны бындурыл продукци дæттыныл æппæт хæрдзтæ къаддæр кæныны хъуыддаг фидар баст у продукцн рауадзыны æппæт пълан аразынимæ æмæ капиталон хæрдзтæ кæцырдæм саразын хъæуы, уыимæ. Фæллойы фæрæзтæй куыд раст пайдагонд цæуы, уый бæрæг кæсы, куыстуæтты цæй бæрц æмæ кæцы ран хъæуы капиталон хæрдзтæ, стæй уыцы хæрдзтæ кæдæм æмбæлы, уырдæм арæзт сты æви нæ, уый. Продукцийы фондбæрцуаты коэффициент фадат дæтты, ка- питалон бавæрдтытæ кæцы куыстуæтты кæнæ куыстады къа- бæзты хъæуы, уый сбæлвырд кæнынæн, куыстад фæуæрæхдæр кæнынæн, стæй капиталон хæрдзты пълантæ бæлвырддæр æмæ растдæр аразынæн. Продукцийы фондбæрцуаты коэффициенты рæзт æмæ фæллойы фæрæзтæй цас пайдагонд цæуы, уыдоны æхсæн ис 452
æнгом бастдзинад. Продукцийы ахæм коэффициент комплексон æгьдауæй æвдисы, фæллойы фæрæзтæ чи аразы, стæй фæллойы фæрæзтæй пайда чи кæны, уыцы куыстуæтгы куыстадон архайд. Проду кци уадзыны æппæт хæрдзты коэффициент ныллæгдæр кæнын ахъаз у, куыстуаты, стæй бындурон фондты элементгæ цæмæйты арæзт цæуынц æмæ сæ хардз чи кæны, уыцы куыстуæтты продукцийы рауагъд фæфылдæр кæнынæн. Куысты аргь ныллæгдæр кæнын у ахъаззаджы мæцъис куыстуæтты æмæ æгас адæмон хæдзарады дæр фæрæзтæ фæстауæрц кæныныл тохы. Дзæвгар рæстæджы дæргъы куыстуаты продукцийы аргъ азæй-азмæ ныллæгдæр куынæ кæна, уæд уый æвдисæн у, техннкон прогресмæ гæсгæ бындурон фондтæй фаг пайдагонд кæй нæ цæуы, уымæн. Куыстуæтты хæдзарадон архайды бæрæггæнæнтæм кæсгæйæ, фæллойы æнтысындзинады, продукцийы хиаргъ ныл- лæгдæр кæныны æмæ æндæр ахæм бæрæггæнæнты æмрæнхъ хъуамæ бæлвырдæй каст цæуа продукцийы фондбæрцуаты ко- эффициентмæ, ноджы йæ сæвæрын хъæуы коммунистон фæл- лойы бригады ном райсыныл ерысы бындурыл. Продукцийы фондбæрцуаты коэффициент куыстуаты техникон-экономи- кон бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр кæныныл куыд зыны, уымæн фæллойлæнæг дзыллæты сфæлдыстадон активондзинад бæр- зонддæр кæныны хъуыддаджы ис ахсджиаг организацион æмæ разæнгардгæнæн ахадындзинад. Продукци уадзыныл хæрдзтæ ныллæгдæр кæныныл тох ахъаз у хæдзарадон хыгъды куыстуæтты хæдзарадон архайды æппæт бæрæггæнæнтæ дæр хуыздæр кæнынæн, фæллойы æнтысындзинад рæзын кæнынæн æмæ продукцийы хиаргъ асламдæр кæнынæн. Уымæ гæсгæ бындурон фондтæй æххæстдæрæй пайда кæныны бындурыл продукци асламдæр кæнын у социалистон куыстады æвæмæнг хъæугæ æууæл. Бындурон фондты тæккæ активондæр хай - «куыстады стæг æмæ хæцъæфы системæ» (К. Маркс) - сты машинæтæ æмæ кусæнгæрзтæ. Æмæ, æппынфæстаг, продукцийы фондбæрцуаты 453
коэффициент аразгæ у, машинæтæ æмæ кусæнгæрзтæ куыстады цас хай ахоынц, уымæй. Фæллойы фæрæзтæй æххæстдæрæй пайда кæнын æмæ продукцийы аргъ къаддæр кæнын аразгæ у комкоммæ капиталон арæзтады иумæйаг аргъæй, уымæн æмæ капиталон арæзтады аргъ асламдæр куы уа, уæд фæллойы фæрæзты мидæг фылдæр уыдзæн куыстадон кусæнгæрзты хай. Фæллойы фæрæзты мидæг активон хай фылдæр кæм уа, уым бындурон фондтыл уагъд цæуы фылдæр продукци, пассивон элементтæ бирæ кæм ис, уыцы бындурон фондтимæ абаргæйæ. Уымæ гæсгæ æнæмæнгэкономикон домæну афтæ кæнын, цæмæй бындурон фондты мидæг къадцæр уа пассивон элементты хай. Бындурон фондты арæзт æнæрынцойæ ивгæ цæуы, техникон прогресс куыд рæзы æмæ бындурон фондты ас йæхæдæг куыд рæзы, уымæ гæсгæ, - бындурон фондты мидæг фылдæр кæны машинæты азмæ кусæнгæрзты хай æмæ ахадындзинад. Мæскуыйы облæсты совнархозы промышленносты бындурон фондты мидæг куыстадон кусæнгæрзты хай 1957 азы уыдис 44,2 проценты, 1959 азы та 44,7 проценты æмæ фыццат бынат ахсы бындурон фондты иннæ хæйтты æхсæн; Цæгат Ирыстоны совнархозы уыдис: 1957 азы - 19 проценты, 1959 азы та - 21,3 проценты. Фæлæ кæд куыстады иудадзыг ног машинæтæй æмæ кусæнгæрзтæй пайда кæнынц, уæддæр бындурон фондты мидæт куыстадон кусæнгæрзты хай рæзы сындæг, уымæн æмæ куыстадон машинæтæаразæн промышленносты, иннæ къабæзтимæ абаргæйæ, фæллойы æнтысындзинад рæзы рæвдздæр, æмæ афтæмæй асламдæр кæны куыстадон кусæнгæрзты аргъ. Бындурон фондты мидæг машинæты æмæ кусæнгæрзты хай куыд фылдæр кæны, афтæ рæзы фæллойытехникон ифтонгдзинад æмæ уый фадат дæтты бæрц продукци рауадзыныл бындурон куыстадон фондтæ къаддæр бахардз кæнынæн. Промышленносты алы къабæзты фæллойы фæрæзтæй æххæстдæрæй спайда кæнынæн ис бирæ хуызтæ æмæ амæлттæ. Фæлæ уыдон иууылдæр дихгонд цæуынц дыууæ ахсджиагдæр хуызыл. Фæллойы фæрæзтæй æххæстдæрæй спайда кæнынæн 454
Карл Маркс бацамыдта дыууæ бындурон фæндаджы. Уыдонæй иу экстенсивон, иннæ та-интенсивон фæндаг. Экстенсивон фæндаг амоны уый, æмæ бындурон фондтæй пайдагонд цæуы фылдæр рæстæджы дæргъы; интенсивон фæндаг та - бæрæг рæстæджы дæргъы бындурон фондтæй хуыздæр пайда кæнын æмæ сæ фылдæр продукци исын. Фæлæ уыцы дыууæ фæндаджы кæрæдзиимæ сты æнгом баст æмæ сын кæрæдзийæ фæиртæсæн нæй. Уыдонæй алчидæр ахъазгæнæг у продукцийы аргъ ныллæгдæр кæнынæн. Бындурон фæрæзтæй экстенсивон æгъдауæй пайда кæнын, суткæйы, стæй афæдзы дæргъы кусгæ рæстæджы сахæттæ фæфылдæр кæнын фадат дæтты фылдæр продукци уадзынæн æмæ уый бындурыл продукцийы аргъ ныллæгдæр кæнынæн. Фæлæ алы куыстуæтты фæллойы рæстæгæй æмхуызон раст пайдагонд нæ цæуы æмæ уымæ гæсгæ иу ран хуыздæр, иннæ ран та æвзæрдæр пайдагонд цæуы бындурон фæрæзтæй. Кусæнгæрзтæ фылдæр продукци цæмæй дæтгой, уый тыххæй сыл кусын хъæуы фылдæр рæстæг. Бындурон фондтæй пайдакæныны коэффициентфылдæргонд куы цæуа, уæд сырæздзæн фæллойы æнтысындзинад æмæ фæныллæгдæр уыдзæн продукцийы хиаргъ. Куыстадон кусæнгæрзтæй æххæстдæрæй пайда кæнæн ис сменæгай куысты коэффициент фылдæр кæныны фæрцы. Сменæгай куысты коэффициент рæзын кæныны фæрцы фадат ис куыстуæтты куыстадон хъарутæй æххæстдæрæй пайда кæнынæн, фылдæр продукци рауадзынæн, уымæн æмæ иу машинæйыл дыууæ сменæйы куыст экономикон æгъдауæй дæтты фылдæр пайда, уыцы иу рæстæг дыууæ машинæйы фæрсæй- фæрстæм кусгæйæ цы пайда радтой, уыимæ абаргæйæ, стæй ма, иу машинæйыл дыууæ сменæйы кусыны фæрцы цы куыстадон фæзтæ рауæгъд уыдзæн, уыдонæй спайда кæнæн ис куыстад фæуæрæхдæр кæнынæн. Фæллойы æнтысындзинад иу уавæры æнæ ивгæйæ куы баззайа, уæддæр промышленнон продукцийы рауагъды аргъ фæныллæгдæр кæнæн ис кусæнгæрзтæй ну нæ, фæлæ дыууæ-æртæ сменæйы кусгæйæ. 455
Бындурон фондтæ куыд ихсийынц, уый аразгæ у бирæ фактортæй: фыццаджыдæр, фæллойы фæрæзтыл цал сменæйы кусынц, стæй сæ цæй бæрц рæстæджы дæргъы пайдагонд цæуы, уымæй. Кусæнгæрзтыл дыууæ кæнæ æртæ сменæйы куы кусой, уæд продукци дæр лæвæрд цæудзæн дыууæ-æртæ хатгы фылдæр, кусæнгæрзтæ та уыйбæрц тынг нæ ихсийдзысты. Сменæгай куысты коэффициент рæзын кæнын ахъаз у æхсæнадон продукцийы, национ æфтиаджы æмæ накоплениты рæзтæн. Коммунизм парахатæй аразыны рæстæджы, куыстуæттæ цыбырдæргонд кусгæбонмæ куы хизынц, уæд æнæмæнг фæбæрзонддæр кæнын хъæуы сменæгай куысты коэффициент, æмæ уый фадат дæтдзæн бындурон фондтæй æххæстдæрæй пайда кæнынæн. Куыстадон кусæнгæрзтæй æххæстдæрæй пайда кæнын у социалистон куыстады æнæмæнг æххæстгæнгæ домæн, уымæн æмæ социалистон куыстад рæзы раззагдæр техникæйы бындурыл, техникон прогресс та тыхджындæр кæны уыцы домæн, уымæн æмæ афтæмæй моралон æгъдауæй тагъддæр ихсийынц кусæнгæрзтæ. Бындурон фондтæй æххæстдæрæй пайда кæныиы хъуыд- даджы стыр ахадындзинад ис, куыстады цы бæзгæ кусæнгæрзтæ ис, уыдонæй се’ппæтæй дæр кусынæн. Уый у продукцийы рау- агъд рæзын æмæ йын йæ хиаргъ ныллæгдæр кæныны комкоммæ мадзал. Куыстуаты æвæрд чи ис, фæлæ пайдагонд кæмæй нæ цæуы, у ыцы ку сæнгæрзтæ ахсынц ку ыстадон фæзтæ, ку сынмæ бæззынц, афтæмæй нæ архайынц продукци уадзыны хъуыддаджы æмæ бæрзонддæр кæнынц продукцийы хиаргъ, къуылымпы кæнынц куыстады рæзты бæрзонд темпытæ. Кусæнгæрзты згæ хæры æмæ зæронд кæнынц, куыстады процессы сæ пайдагонд куынæ фæцæуы, уæд дæр. Карл Маркс амыдта: «Машинæтæ материалон æгъдауæй ихсийынц дыууæ хуызы. Иуæй ихсийынц, кусгæ сыл кæй кæнынц, уымæ гæсгæ; иннæмæй та, кусгæ сыл кæй нæ кæнынц, уымæ гæсгæ, мæнæ хъамайæ куы ницы архайай, уæд йæ кæрддзæмы куыд згæ кæны, афтæ. Дыккаг 456
хуызы ихсийгæйæ, кусæнгæрзтæ бавæййынц æрдзон тыхты амæттаг. Машинæтæ фыццаг хуызы ихсийынц, цас фылдæр сыл кусынц, уымæ гæсгæ, дыккаг хуызы та - кæй нæ сыл кусынц, уый аххосæй». (Капитал, 1-аг том, 410 фарс). Совнархозты ис, пайдагонд кæмæй нæ цæуы, бирæ ахæм кусæнгæрзтæ. Цæгат Ирыстоны совнархозы куыстуæтты 1961 азы 1 январмæ пайдагонд кæмæй нæ цыди, ахæм кусæнгæрзтæ уыд 2870,6 мин сомы аргъ. Пайдагонд кæмæй нæ цæуы, ахæм кусæнгæрзтæ уæлдай фылдæр ис завод «Электроцинчы», авджындзаумайы- изоляторты æмæ хуыйæн машинæты заводты, Садоны æрзæткъахæнты управленийы, Беслæны маисон комбинаты æмæ Мæздæджы рудзынгæмбæрзæнтæуафæн фабрикæйы. Уæлдай кусæнгæрзтæ ног хуызы равæрын кæнæ ауæй кæнын раттид продукцийы рауагъд фæфылдæр кæныны фадат, фæхуыздæр уаид куыстуæтты финансон архайд æмæ фæныллæгдæр уаид продукцийы хиаргъ. Уæвæн ис афтæ дæр, æмæ кусæнгæрзтæй пайдагонд цæуы æххæстæй, фæлæ сæ куысты æнтысындзинад бæлвырд æмгъуыды дæргъы у ныллæг. У ымæ гæсгæ, алкæддæр раиртасын хъæуы, кусæнгæрзты хъару цас у, уыйбæрц дзы пайдагонд цæуы æви нæ, уый. Бындурон фондтæй пайда кæныны фæндæгты тæккæ прогрессивондæр у интенсивон фæндаг, уымæн æмæ йын ис æнæкæрон бирæ фадæттæ. Æрмæстдæр экстенсивон фæндаг интенсивон фæндагимæ æнгом бæтгæйæ æххæстæй спайда кæнæн ис техникæйæ æмæ гæнæн куыд ис, афтæ бирæ продукци райсæн. Куыстадон кусæнгæрзтæй куыд пайдагонд цæуы, уымæй аразгæ у фæллойы фæрæзты иннæ элементтæй дæр æххæстдæрæй спайда кæныны хъуыддап Бæрæг рæстæгмæ бындурон фондты элементтæй цас фылдæр продукци ист цæуа, уыйас къаддæр ихсийынц кусæнгæрзтæ æмæ асламдæр кæны продукцийы хиаргъ. Кусæнгæрзты куысты æнтысындзинад фылдæр кæныны ахсджиаг æууæл у куыстады ног кусæнгæрзтæ æвæрыны процесс тагъдцæр кæнын, 457
модернизаци, механизаци æмæ автоматизаци, стæй технологи хуыздæр кæнын. Кусæнгæрзтæй хуыздæр пайда кæныны бындурыл продук- цийы хиаргъ ныллæгдæр кæнын фадат дæтты фылдæр продук- ци уадзынæн, продукцийæн йæ хиаргъ æмæ уæйгæнæн æргътæ ныллæгдæр кæнынæн. Афтæмæй къаддæр кæнынц капиталон бавæрдтытæ æмæ рæзы, национ æфтиагæй хардзгонд чи цæуы, уыцы хай. Техникон прогресс æмæ кусджыты культурон-техникон ифтонгдзинад кæрæдзийы домæнты аккаг куынæ уой, уæд нырыккон раззагдæр техникæйæ æххæстæй спайда кæнæн нæй. Уымæ гæсгæ куыстады кусджыты культурон-техникон арæхстдзинæдтæ иудадзыг бæрзондцæр кæныны хъуыддаг у техникон прогрессы æнæмæнг хъæугæ æууæл, социализмæй коммунизммæ рахизыны ахсджиагдæр закъонæвæрдтæй иу Партийы Программæйы амынд ис, зæгъгæ, промышленносты кусджыты дæсныдзинад бæрзонддæр кæныны хъуыддагæн ис егъау ахадындзинад техникон прогрессы. Кусджыты бæрзонд дæсныдзинад у бындурон фондтæй хуыздæр æмæ æххæстдæрæй пайда кæныны сæйраг æууæлтæй иу. Фæллойы фæрæзтæ æмæ кусæг тых диалектикон æгъдауæй сты кæрæдзиимæ æнгом баст. У ымæ гæсгæ кусджыты кулыурон- техникан арæхстдзинæдтæ техникæйы рæзтæй фæстæдæр куы баззайынц, уæд хъуыддаг рауайы афтæ, æмæ бындурон фондтæй æххæстæй пайдагонд нæ цæуы. Бæлвырд рæстæджы дæргъы дæсны кусæг саразы фылдæр хъæздыгдзинæдтæ хуымæтæджы кусæгимæ абаргæйæ. Кусæг цас арæхстджындæр уа, уыйбæрц бындурон фондтæй къадцæр хардз кæны продукци уадзыныл, уымæн æмæ, цас арæхстджындæр уа, уыйас растдæр æмæ æххæстдæрæй пайда кæны бындурон фондтæй æмæ афтæмæй продукци рауадзыныл къаддæр ихсийынц бындурон фондтæ. Куыстады кусæджы кулыурон-техникон арæхстдзинад куыд рæзы, афтæ куысты рæстæджы дæр цæуы ивддзинæдтæ, æмæ афтæмæй асламдæр кæны продукци, рæзы йæ рауагъд. 458
Партийы Программæйы куыд нысангоцц ис, афтæмæй ком- мунизмы материалон-техникон базæ аразгæйæ, бæрзонддæр кæндзысты кусджыты культурон-техникон арæхстдзинæдтæ, уæнгдыхæй куыст хæстæгдæр кæндзæн сæрызонды куыстмæ, кусæгтыхты æхсæн фылдæрæй-фылдæр кæндзысты инженертæ æмæ техниктæ. Кусджыты арæхстдзинад æмæ дæсныдзинад рæзын кæнын у ног наукон сгæрстыты æмæ сгуыхтдзинæдты, рационализаторон фæндонты, дзыллæты сфæлдыстадон разæнгарддзинады бындур, афтæмæй уагъд цæудзæн продукцийы ног хуызтæ, уыимæ бындурон фондты ног элементтæ, асламдæр æмæ пайдаджындæр чи уа, ахæмтæ. Партийы ног Программæйы сæрмагондæй амынд ис, зæгъгæ, ног техникæ фылдæр кæй кæны æмæ кусгæ бон цыбырдæргонд кæй цæуы, уый домы фæллойы организацийы бæрзонддæр къæпхæнмæ схизын. Коммунизм парахатæй аразыны рæстæджы фæллойы æнтысындзинад сырæзынæн æмæ продукцийы хиаргъ фæныллæгдæр кæнынæн алы куыстуаты дæр æххæстдæрæй спайда кæнын хъæуы техникон прогрессæй æмæ фæллойы организацийы хуыздæр хуызтæй. Сæрмагонд иртасæн ку ыстыты фæрцы ку ыд сбæрæг, афтæмæй иуæй-иу куыстуæтты дзæгъæлы сæфы кусгæ рæстæджы 15-20 проценты. Кусгæ рæстæгæй дзæгъæл сæфтыты ныхмæ тохæн уæлдай ахадындзинад ис нырыккон уавæрты, уымæн æмæ промышленность ифтонггонд у вазыгджын æмæ алыхуызон, сæдæгай адæймæгты фæллой чи ивы, ахæм техникæйæ. Куыстады процессы æмæ фæллойы организаци хуыздæр кæныны фæрцы кусгæ рæстæджы дзæгъæл сæфтытæ аиуварс кæнын у авдазоны дæргъы продукцийы рауагъд фæфылдæр кæныны егъау фæрæз. Социалистон куыстадон ахастдзинæдты уавæрты техникон прогресс хорз фадæттæ дæтты бындурон фондтæй хуыздæр пайда кæныны фæрцы продукцийы хиаргъ фæныллæгдæр кæнынæн. Уый та къухы бафтдзæн куыстады кусджыты культурон-техникон арæхстдзинæдтæ фæбæрзонддæр кæныны, стæй куыстады æмæ фæллойы организаци фæхуыздæр кæныны 459
фæрцы. Уымæ гæсгæ, капитализмимæ абаргæйæ, ССР Цæдисы æхсæнадон продукци æмæ национ æфтиаджы рæзты бæрзонд темпыты фактортæй иу у бындурон фондтæй æххæстдæрæй пайда кæнын. Коммунизм парахатæй аразыны рæстæджы æххæстдæрæй пайдагонд цæуы бындурон фондтæй æмæ афтæмæй ныллæгдæр кæны продукцийы рауагъды хиаргъ. Уымæн æвдисæн сты, нæ республикæйы хойраджы промышленносты куыстуæттæ цы экономикон хыгъдтæ сарæзтой, уыдон дæр. Бындурон фондтæй æххæстдæрæй пайда кæнын у авдазон пъланы æмæ Советон Цæдисы Коммунистон партийы ног Программæйы амындтæ сæххæст кæныны ахсджиаг æууæлт- æйиу. —<©8€2>~ 460
Бырнацты Андрей ÆНÆНЦОЙ КУ СÆГ 1 Фарон Октябры социалистон революцийы 43 азы бæрæгбоны номыл демонстрацийы нæ горæты цæрджытæ сæ цæст æрæвæрдтой, Орджоникидзейы горæты хæдзары дзауматы комбинаты автомашинæйы цы гарнитур уыдис, ууыл. Фæззыгон хурмæ тæмæнтæ калдтой лакæй ахуырст аив стъол, шифоньер, трюмо, диван, сынтæг æмæ баидæттæ. Уæд бирæтæ дзырдтой: «Цымæ махмæ ахæм дзаума цæуылнæ кæнынц? Æвæццæгæн сæ Ригæйæ æрбаластой æмæ сæ ам æвдисынц...» Нæ, уыцы рæсугъд гарнитур Ригæйæ не ’рбаластой. Скодтой йæ комбинаты коллектив. Сæхæдæг. Сæхи къухтæй. Фæлæ йæ парады цалынмæ равдыстой, уæдмæ сæ бахъуыди бирæ тыхтæ, бирæ фæллой бакæнын. Уый ног хъуыддаг уыди, ног хъуыддаг та зынтæй райдайы. Ам йæ райдайæг уыди комбинаты сæйраг инженер Петр Людвигович Куртиш. Дыууæ азы размæ Куртиш фыццаг хатт куыстуаты дуарæй куы бахызт, уæд цы федта, уымæй йæ зæрдæ нæ барухс. «Кавказы» æмæ «Сырх тырысайы» стыр нæмттæ цы фабрикæтæ хастой, уыдон разындысты хуымагтæджы артельтæ, хæдзары дзаумæттæ арæзтой фыдæлтыккон станоктыл. Раст зæгъын хъæуы, куыстуæттæ стыр кæй не сты, уый йын загътой УСФСР- йы хъæды æмæ хъæдгуысты управленийы, ног бынатмæ йæ куы æрвыстой, уæд. Фæлæ уæддæр ахæм уавæры уыдзысты, уый æнхъæл нæ уыд. Петр Людвигович йæ цæст ахаста кæртыл, цехтыл æмæ йæ сæр батылдта, йæ зæрдыл æрлæууыд Ригæйы егъау комбинат, уымæн йæ райдзаст цехтæ, йæ аив хæдзары дзаума. Ам та?.. Фæлæ æрыгон инженер нæ фæтарст. Уыцы бонæй фæстæмæ кæм нæ федтаид адæймаг Петр Людвиговичы! Къанторы арæзта пълантæ æмæ чертежтæ. Республикæйы хъæды æмæ хъæдгуысты управленийæ домдта, кæд цавæр станоктæ йæ бахъæудзæн, 461
уыдон. Йæ уд хъардта хæдзары дзаумæтты комбинат тагъдцæр саразыныл. Хъæппæрисджын инжеиер фæцыдис директоры, партбю- ройы секретары æмæ фабкомы сæрдары зæрдæмæ æмæ йын зæрдиагæй æххуыс кодтой, фадæттæ йын арæзтой, ног кусæн- дзаумæттæ - стыр пресс, хусгæнæнтæ, лæгъзгæнæн, ныхасæн, фæйнæджы къуызыртæ сæттæн æмæ дæсгай æндæр вазыгджын станоктæ тагъддæр æмæ хуыздæр æвæрд цæмæй æрцæуой, уымæн коллективы раззагдæрты æххуысæй Петр Людвигович арæхстджындæрты сахуыр кодта, тыхджын прессыл фанер æмæ хырхæйфадæнтæй фæйнæг куыд аразын хъæуы, ууыл. Уымæй дарддæр, сæйраг инженеры руаджы комбинаты тынг рапарахат æрхъуыдыкæнынадон æмæ рационализацион куыст. Дыууæ азы дæргъы ам спайда кодтой 71 техникон ног мадзалæй. Уыдон бынтондæр аивтой куыстуаты цæсгом. Адæймаг уарзон куысты куы аныгъуылы, уæд дзы рæстæг дæр ферох вæййы. Петр Людвигович зонгæ дæр нæ бакодта, дыууæ азы куыд азгъордтой, уый. Фесты арæзтады куыстытæ. Комбинат райдыдта продукци уадзын. Фæлæ Куртиш ууыл æгъгьæд нæ загъта йæхицæн. Тох кæнын райдыдта зæронд куысты уаг фехалын æмæ йæ ногæй раивыныл. Æцæг, уый æнцон хъуыддаг нæ разынд. Зæронд мастертæй бирæтæ дæсгай азты дæргъы цы куыст кодтой, ууыл афтæ сахуыр сты æмæ сæ ногдзинад нал æндæвта. Иутæ дзы худгæйæ дзырдтой инженерæн: - Цы, цы? Дзаума иугæндзон мадзалæй уадзын? Æмæ куыд куыстам, афтæ цы кæны? Ноджы карздæр та уыдысты мастертæ Шадурæ æмæ Алтуховы ныхæстæ. Йæхицæн ын ницы бауæндыдысты зæгъын, фæлæ йæ фæсаууон дзырдтой: - О, дæ размæ дæр ма нæм уыдис ахæм зандамонджытæ, фæлæ сæ фæндтæй ницы рауад... Æмæ, æцæгдæр, кусджытæм æрæгмæ бахъардта, хæдзары дэауматæ аразыпы куысты иугæндзон метод цы пайда дæтты, уый. Уыцы методæй кусын куы райдыдтой, уымæй цалдæр боны размæ куыстæй фæлыгъд иу, йæ хæд фæдыл - иннæ. 462
Новаторæн хъыг куыннæ уыдаид ахæм хъуыддаг, фæлæ уый фидарæй тырныдта, йæ размæ цы хæс сæвæрдта, уый бакæнынмæ. Мастерты ацыды фæстæ инженер алы цехтæй иу ранмæ æрбамбырд кодта, фæлтæрдджындæр кусджытæй кæй фæндыдис, уыдоны. Сæ сæргъы сын сæвæрдта дæсны мастертæ Коньков æмæ Лазаревы. Петр Людвигович сын йæхæдæг бæстон амыдта, ног продукци куыд кæнгæ у, уыдæттæ. Хъуыддаг фæрæвдз. Бонæй-бонмæ фылдæр кодта новаторты нымæц. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ ацы комбинаты конд хорз æмæ рæсугъд хæдзары дзаумайæ сфæлыстой нæ горæты стырдæр фысымдон «Кавказ», кинотеатр «Хæлардзинад», стæй арæх кæнын райдыдтой фæллойгæнджыты хæдзæртты дæр. Сæйраг инженер зæгъы: - Продукци иугæндзон методæй кæй аразæм, уый фæрцы ныр алы столяр дæр скæны дæс стъолы, æртæ азы размæ та арæзта æрмæст иунæг стъол. Кæнæ, зæгъæм: дыккаг цех 1958 азы мæймæ арæзта 280 шифоньеры, ныр та - 600. 2 Петр Людвиговичы-иу арæх фенæн уыдис цавæрдæр хуызистытæм кæсгæ. Цы сты, зæгъгæ-иу æй куы бафарстой, уæд-иу дзуапп радта: - Хæдзары дзаумайы гарнитур. - Æмæ-иу йæ ныхасмæ ноджы бафтыдта: - Æркæсут-ма сæм, уæ зæрдæмæ нæ цæуынц? Бæргæ цыдысты сæ зæрдамæ, фæлæ уымæй цы? Уыцы дзаума кодтой дард Прибалтикæйы. - Æмæ куыд æнхъæл стут: ацы гарнитур чи сарæзта, сымах уыдонæй цауддæр стут? Æви уæ къухтæ нæ тасынц хорз кусынмæ? - йæ цæст-иу сæм æрныкъуылдта сæйраг инженер. Иу райсом Петр Людвигович фæсидт инженер Джимаджидзе Тамарæмæ, техник-конструктор Сычъиаты Сергеймæ, стæй Дыккаг цехы хицау Николай Мещеряковмæ æмæ сын афтæ зæгъы: - Куыд уæм кæсы, мæ лымæнтæ, ацы хуызистытæм гæсгæ чертежтæ саразæн ис? 463
Специалисттæ дзуапп æвиппайды нæ радтой. Бирæ фæкастысты къамтæм. Фæрабар-бабар сæ кодтой. Чидæр ма сæм рухсмæ дæр акаст, цыма дзы ноджыдæр исты фенынмæ хъавыд. Инженеры цæмæйдæрты афарстой. Фæстагмæ йын радтой дзуапп: - Ис саразæн. Цалынмæ специалисттæ чертежтæ кодтой, уæдмæ Куртиш йæхæдæг бавдæлд, æмæ цехтæй иуы сарæзта экспериментаторты къорд. Мастертæн æмæ кусджытæн амыдта, ригæйаг хæдзары дзаумæтты гарнитур куыд аразгæ у, уый. Уæдмæ сцæттæ сты чертежтæ дæр. Цалдæр боны фæстæ комбинат фыццаг гарнитуртæ арвыста Бакумæ. Æмæ, кæд уыдон нырма ригæйаг гарнитуртæй иу цасдæр цауддæр æмæ зынаргъдæр сты, уæддæр коллективæн йæ бон зæгъын у: «Нæхи къухæй конд сты. Ныр аивдæр, асламдæр цæмæй кæной, уый дæр нæхицæй аразгæ у!» 3 Адæймаг лыстæг куы æркæсы Петр Людвиговичы куыстмæ, уæд дисы бацæуы: куыд ын æнтысы бон цыппæргай-фæндзгай хæттыты цехтæ бабæрæг кæнын? Куыд ын фаг кæны рæстæг æппынæдзух куысты технологимæ ног ивддзинæдтæ хæссын? Æмæ канд уыдæттæ нæ, уый, коммунист уæвгæйæ, у активон æхсæнадон кусæг, у рационализаторты бюройы сæрдар, разамынд дæтты иудадзыг архайæг куыстадоа æмбырдæн. Сæйраг инженер зындгонд у йæ принципиалондзинадæй, йæ сæрæндзинадæй. Уый никуы ницы кæны куыдфæндыйæ. Комбинаты сæйраг цех куы арæзтой, уæд инженер ссардта гуымиры рæдыд проектон организацийы документацийы. Станокты хайад стырдæр у ыд, æмбырдгæнæн кайад та- къаддæр. Афтæмæй æмбырдгæнæн цехæн йæ бон нæ уыдаид æппæт хомаг кусын. Инженер хъуыддаг афтæмæй нæ ныууагъта. Йæ домæнмæ гæсгæ дыууæ хатты уæрæхдæр фæкодтой æмбырдгæнæн хайад... Ныр куыстуат афæдзмæ аразы 400 мин сомы аргъ уæлæмхасæн продукци... Афæдзы размæ комбинаты куыстадон фæзтæй 464
дЫууæ мин квадратон метры бæрц Управлени радта хуыйæн машинæты фабрикæйæн. Коллективæй та домдтой, цæмæй уагьтаид 42 алыхуызон дзаумайы. Петр Людвигович сразы ис æрмæстдæр æртындæсыл. Нæ фæрæдыд ам дæр: фæфылдæр æмæ фæхуыздæр ис продукци... Хæдзары дзаума иугæндзон методæй аразыны технологийы ма уыдис ахæм куыстытæ дæр, æмæ уæнгдыхæй кæй æххæст кодтой. Уый ныллæг кодта фæллойы æнтысындзинад. Новаторы фæндонмæ гæсгæ уыцы куыстыты сæвæрдтой 14 станочы æмæ электрон инструменты. Æрæджы дæр ма комбинаты уыдис æрмæстдæр дыууæ электрокары. Цехтæй цехтæм хомаг æмæ æрдæгфабрикаттæ ласт кæй нæ цыдысты, уый фыдæй станоктæ нæ лæвæрдтой, цас сын æмбæлд, уыйбæрц дзаума. Иу рæстæг Петр Людвиговичы хъустыл æрцыдис, зæгъгæ, дам, электрокар дзæгъæлы лæууы цъындауафæн фабрикæйы. Нæ банцад сæйраг инженер, цалынмæ йæ райста, уæдмæ. Ныр та, дам, лæг æрвиты Мæздæгмæ. Уым рудзынгæмбæрзæнтæуафæн фабрикæйы дзæгъæл лæуд кæнынц дыууæ ахæм электрокары. 4 Уый уыди, комбинат арæзт куы нæма фæцис, уæд. Сæйраг инженер суанг уæдцæр мæт кодта рациоиализаци æмæ æрхъуыдыкæнынады куысты уавæрыл. Иухатт уый фæсидт рационализаторты бюройы секретармæ æмæ йæ фæрсы: - Æгъдаумæ гæсгæ сæйраг инженер хъуамæ разамынд дæтта куыстуаты рационализатортæн. Цы хъуаг стут? Куыд цæуы уæ куыст? Ницы зæрдæлæууæн дзуапп радта секретарь. Æмæ æниу, цæй тыххæй дзырдтаид уый, кæд æмæ рационализаторты нымæц дæсмæ дæр нæ хæццæ кодта, кæд æмæ кусджытæ цы фæндонтæ бахастой, уыдон афæдзы дæргъы паддзахадæн æртæ мин сомы йедцæмæ пайда нæ радтой, уæд?.. ~ Хорз нæу, - сдзырдта сæйраг инженер. - Мæнæ дын пълан, дарддæр куыд кусдзыстæм, уый тыххæй. Райсом та рационализаторты æрæмбырд кæн. 30 465
Къанторы кусджытæй чидæртæ бахъынцъым кодтой, зæгъгæ, дам, хъуыддаг ахæм ахсджиаг нæу, фæдис кæй тыххæй кæнæм. Петр Людвигович сын бауайдзæф кодта: - Рæдийут, мæ хуртæ. Рационализаторты æххуыс мах хъæуы кæдцæридцæр. Уæлдайдæр та - ныртæккæ. Рационализаторты бюройы секретарь æмæ сæйраг инженеры æхсæн ацы ныхас куы рауад, уæдæй нырмæ рацыд дыууæ азæй чысыл фылдæр. Ныр ам ис 67 рационализаторы. Сæ 197 фæндоны уал паддзахадæн сфæстауæрц кодтой 77 мин сомæй фылдæр. Хорз дыргъгуыстгæнæг чысыл талайæ стыр æмæ бæркадджын бæлас куыд æрзайын кæны, афтæ сæйраг инженер дæр æрыгон кусджытæй хъомыл кæны фæлтæрдджын рационализатортæ, технологи æппынæдзух хуыздæр кæныны æгъдау йæ туджы кæмæн бацыд, ахæмтæ. Сычъынаты Сергей бахаста аст рационализаторон фæндоны, Ладатко - æртындæс, Рæвысты Роман - фынддæс. Чи фæнды бацæуæд æххуысагур Куртишмæ, - баххуыс ын кæндзæн. Мæнæ комбинаты дуарæй æрбахызт кусæг Стибаев. - Фæнды мæ фæлмæн бандæтты хъуымац æндæр хуызы кæрдын, - загъта уый. Куыд, уый дæр бацамыдта. Инженеры æххуысæй кусæджы фæндонæй спайда кодтой, æмæ ныр алы аз дæр мин сомы аргъ фæстауæрц кæнынц хъуымац. Вæййы афтæ дæр. Иу райсом аразæг Александр Колесов Петр Людвиговичмæ бахаста йæ хъаст: - Загътой мын, сисын, дам, хъæуы фыццаг цехы хæдзары сæр. - Зонын æй. Къул æддæдæр ахæссын хъæуы. - Æмæ уый тыххæй æнæмæнг агъуысты сæр халын хъæуы? Мæнмæ гæсгæ, æнæ уымæй дæр къулæн æддæдæр ахæссæн ис, - бабустæ кодта Александр. Инженер кусæджы фæндон куы бамбæрста, уæд ын арфæ ракодта. Колесовы руаджы комбинат сфæстауæрц кодта иу мин æмæ 200 сомы, уыимæ куыст фæтагъдцæр. Чи зоны, исчи зæгъдзæн: чысыл цаутæ, чысыл фæрæзтæ... Фæлæстырхъуыддагчысылхъуыддæгтæйцæуы.Сæйрагинженер 466
пыфæнды чысыл цау кæнæ хъуыдцаг дæр æнæрхъуыдыйæ нæ ауадздзæн, сæвæрдзæн æй куыстуаты пайдайæн. Уымæ гæсгæ ахуыр кæнынц иннæтæ дæр. Коллектив бонæй-бонмæ рæзы, кæны фæлтæрдджындæр, хъæппæрисджындæр. Æрмæст фарон ам куысты раззагдæр мадзæлттыл сахуыр кодтой 200 адæймагæй фылдæр. Комбинаты кусджытæ рагæй-æрæгмæ фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнынмæ цыдысты æндæр фабрикæтæм. Ныр сын сæхи фæлтæрддзинад райсынмæ ам уыдысты нæ бæстæйы æхсæрдæс горæтæй. Грознайы æмæ Кишиневы дзаумæтты фабрикæтæн та комбинаты кусджытæ сарæзтой диваны цъæрттæ бийæн станоктæ дæр. Цалдæр мæйы дæргъы ам куыстой æмæ ахуыр кодтой Æрхонкæйы фабрикæйы кусджыты къорд. Базонгæ сты синтетикон ныхасæнимæ, базыдтой, куыд дзы пайда кæнын хъæуы, уый Комбинаты новатортæ сæ фæлтæрддзинад цæмæй иннæтæн дæр бацамоной, уый тыххæй арæх вæййынц Карцайы æмæ Алагиры хæдзары дзаума аразæн фабрикæты. Коммунизмы арæзтады историон документ - партийы Программæйы проектыл дзургæйæ, комбинаты коллектив дзырд радта: «Бирæ æмæ хорз продукци уадзынæй уæлдай ма аразын райдайдзыстæм хæрæндоны дзаумайы гарнитуртæ дæр». 5 Къанторы уæттæй иу. Фæскуыст стъолы раз лæууыдысты сæйраг инженер æмæ фабкомы сæрдар Балдарян. Лæмбынæг кастысты цавæрдæр проектмæ. - Стыр комбинаты проект, - бамбарын мын кодта фабкомы сæрдар. - Петр Людвиговичы хъуыдымæ гæсгæ йæ сарæзта «Кавказгипроцветмет». - Балдарян дарддæр дзырдта, хъуыддаг куыд рауад, уый... ...Комбинат ног хæдзары дзаума аразын куы райдыдта, уæд иу фæлмæн зымæгон бон куыстуатмæ æрбацыд лæгтæ партийы обкомæй æмæ Цæгат Ирыстоны совнархозæй. Бирæ фæзылдысты цехты. Дзæвгар-иу фæлæууыдысты ног станокты 467
æмæ механизмты раз. Лæмбынæт кастысты новаторты дæсны къухты айстмæ. Уырзæй сгæрстой цæттæ дзаумæтты. Бирæ хорз хъуыдцæгтæ бацыд сæ зæрдæмæ... Мæнæ домбай прессыл аразынц, морæ хъæдабæйау, тыбар-тыбургæнаг вьетнаймаг фанер æмæ хъæдфадæнтæй диссаджы фæйнæг... Вазыгджын станоктæ дзаумæтты хæйттæ айдæнау алæгъз кæнынц. Ахорæн камерæйæ шифоньер цæстыфæныкъуылдмæ, хуры тынтау, рарттивы... - Рæсугъд кусынц, - загътой уазджытæ. - Рæсугъд хъуамæ уой дзаумæттæ - адæймагæн конд цæуынц! — дзуапп радта Петр Людвигович. — Фæлæ фабрикæйы кусджытæ сæхæдæг æххæст разы нæма сты сæ куыстæй. - Ома, уæддæр цæмæн? - Æркæсут уæхæдæг: аразæм хæдзары дзаума, фæлæ фаг у? Нæу. Уæдæ иттæг хорз у зæгъæн дæр нæма ис. Нæ цехтæ ныппырх сты горæты алы рæтты: æртæ дзы ам ис, иу - Зорты- фырты уынджы, иннæ та - Ростовы уынджы. Се’ппæты дæр иу ранмæ куы æрæмбырд кæниккам, уæд куыст бирæ рæвдздæр цæуид. Куыд уæм кæсы?.. Къуыри дæр нæма рацыд, афтæ Петр Людвиговичæн Совнархозы загътой: сараз пълан хæдзары дзаумайы стыр комбинатæн. ...Æмæ ныр стъолыл кæмæ кастысты, уый уыд ног, стыр куыстуаты проект... Инженер схæцыд йæ сæрыл. Фембæлд нæ цæстæнгас. Бæрæг уыд: тынг бафæллад. Фæлæ уæддæр æрвхуыз цæстыты сыгъд циндзинады рухс. - Рæхджы нæ комбинат уыдзæн хæдзары дзаумайы егъаудæр куыстуат канд Ирыстоны нæ, фæлæ æгас Цæгат Кавказы дæр, - сæрыстырæй загъта Петр Людвигович. - Слæудзæн 3 милуаны æмæ 200 мин сомы аргъ. Мæ цæстытыл ауад фидæны гигант. Терчы был, стыр цæхæрадоны астæу - ног скъладтæ, хъæдæрмæг хусгæнæнтæ, цардæттæг егъау агтæ, гараж, клуб, хæрæндон, асфальт фæндæг- тæ... Ноджы бирæ æндæр бæстыхæйттæ. Сæ астау та - сæйраг цех. Æртæуæладзыгон агъуыст адаргъ 170 метры. Мæнæ кул- 468
дуарæй рацыдысты автомашинæтæ. Сæ гуыффæты - рæсугьд, хæрзхъæд, аслам хæдзары дзаума. Уыдонæй алкæцыйыл дæр уынын Петр Людвигович Куртишы арæхстдзинад, хъæппæрис- дзинад æмæ хъару. —<©$©>— 469
1962 ^® Зсе. Зындгонд ирон нывгæнæг Тугъанты Сафары фырт Махарбеджырайгуырдыл æрæджы сæххæстис 90 азы. Нывгæнæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй Мусса Хаким ныффыста егъау монографи. Уый тагъд мыхуыры рацæудзæн хицæн чиныгæй. Уыцы фыстæй мах мыхуыр кæнæм нæ журналы чысыл дыууæ скъуыддзаджы: «Тугъанты Махарбег Мюнхены» æмæ йæ графикæйæ конд нывæфтыдты тыххæй. Мусса Хаким ТУГЪАНТЫ МАХАРБЕГ 1. Мюнхены Ту гъанты Махарбег Бетъырбухы Аивæдты академи каст куы фæци, уæд 1905 азы уалдзæджы ацыд Мюнхенмæ (Германмæ) йæ нывкæнынадон дæсныдзинад хуыздæр кæнынмæ. Уыцы рæстæджы Мюнхен хуыдтой Хурныгуылæн Европæйы аивæдты столицæ... Бирæ мингай нывгæнджытæ сæ арæхстдзинад хуыздæр кæныныл куыстой алы скъолаты ательеты. Æххуыс та сын кодтой цалдæр мин адæймаджы - натурщиктæ алы адæмыхаттытæй: итайлæгтæ, испайнæгтæ, тиролæгтæ, араббæгтæ, индустæ, негртæ, хæрз чысыл мыздыл йæхи национ дарæсты кæмфæнды дæр чи æрбадтаид нывгæнæджы размæ, ахæмтæ. Уыцы бæстæйы хорз фадæттæм бæллыдысты алы бæстæты æмæ адæмты æрыгон нывгæнджытæ се’ппæт дæр, уыдонимæ Уæрæсейы фæсивæд дæр. 470
Фæлæ Мюнхены Аивæдты академийы кæд ног нывгæн- джытæ фæзынд - Карл Пилотийы ахуыргæнинæгтæ, уæддæр иуыл сгуыхт раззаг скъола нæ уыд. Репин æмæ Чистяковы ахуыргæнинæгты уым бирæ истæуылты нæ сахуыр кодтаик- кой. Уый хыгъд Антон Ашбейы студи уыцы азты нæрыд æгас культурон дунейыл. Венæйы æмæ Мюнхены академиты схъомылгонд Ашбейы кой айхъуыст æгас дунейыл, хуыдтон йæ курдиатджын ахуыргæнæг. Ныв кæныныл уый адæмы ахуыр кодта бынтон æндæр ме- тодæй. Д. Н. Кардовский уый тыххæй афтæ фыста: «Чистя- ковы разамындæй æмæ уый зондджын амындцзинадæй дард- дæр ахуыр кæнын байдыдтон нывкæнынады æгъдæуттæ. Мæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæныны иннæ этап та райдыдта И. Е. Репины мастерскойы... Уыцы æгъдæуттæ фæстагмæ æз ахуыр кодтон Ашбейы скъолайы, «дер Кугель», зæгъгæ, ахæм æгъдаумæ гæсгæ, ома формæ æмæ йæ саразыны хъуыддаг ахуыр кодтам æртæ миниуæгмæ гæсгæ: рухс, æрдæгрухс æмæ хæрзтар ахорæнтæй архайын. Махарбег бацыд Ашбейы студимæ, йæ разамонæг ма цы фæстаг аз царди, уæд, æмæ йе ’ппæт тыхтæ дæр сарæзта куы- стмæ... Ашбейы скъола æнæфæзынгæ нæ фæци, чи дзы ахуыр кодта, уыдоны сфæлдыстадыл. Грабары, Кардовскийы, Добужинскийы, Шемякины æмæ Тугъаны-фырты уацмыстæм æркæсгæйæ, æнцон бафиппайæн у сæ нывты хицæн аивадон миниуæг, сæ курдиатджын ахуыргæнæджы студийы цæуыл сахуыр сты, уый, Антон Ашбейæн йæхи ныв «Зæронд лæджы портрет», зæгъгæ, дунейы ахъаззагдæр уацмысты æмрæнхъ кæй фæрцы æрлæууыд, уыцы миниуæг. 1949 азы мæнæн фадат фæци Махарбеджы куыстмæ æркæсынæн, уый кодта фыссæг Юрий Либединскийы портрет. Æмæ уæд мæхи цæстæй федтон, йæ мюнхенаг ахуыргæнæджы мастерскойы цы æгъдæуттыл сахуыр, уыдон йе сфæлдыстады арф уидæгтæ кæй ауагътой, уый. Уыцы портрет ныв кæнгæйæ, 471
йæ фыццаг фæлварæн хæххытæй йæ фæстаг стъæлфы онг Махарбеджы куыстыл зынди Ашбейы скъола. Æгас дунейы дзыллæтæ кæй зонынц, уыцы хъæздыг нывты галерейты Мюнхены уыдысты æппæт дугты æмæ адæмты нывгæнджыты шедевртæ. Рафаэль, Тициан, Боттичели, Леонардо, Рубенс, Рембрандт æмæ иннæ номдзыд нывгæнджыты ахъаззаджы фæллæйттæ, францусаг, испайнаг æмæ италиаг мастерты уацмысты диссаджы равдыстытæ æмæ Гласс Паласы алыхуызон нывгæнджыты уалдзыгон æмæ фæззыгон равдыстытæй. Мюнхен уыди цавæрдæр алывзагон аивады Вавилон, алымыггаг скъолатæ, цæстæнгастæ æмæ къордты æхсæн ног адæймаг æнцонæй кæм фæдзæгъæл уыдаид, ахæм. Тугъаны-фырт йе ’мбал нывгæнджытæй иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыста: «Мæ хæлар, мæ лымæн, дæ цæстæнгасмæ æркæсгæйæ, адæмæй æнæхъæн æнус фæстæдæр баззадтæ!», «Ферох кæ, Бетъырбухы дæр æмæ дæ уыцы педант Ашбемæ цæуыл ахуыр кодтой, уыдæттæ, - бабын кæндзынæ дæ курдиат, фæлтау ам дзыхъхъынногæй райдай æцæг аивадыл ахуыр кæнын!». Бауæндыдысты йæм-иу ноджы карздæр æфхæрæн ныхæстæ дæр: «Ныхъхъуытты уадз дæ гуымиры реализм, уый бынтон ницæйаг филистерты рагон миниуæг у. Бамбар, аивад аивады тыххæй кæй у, уый æмæ гъе уым агур ды дæр дæ хуыздæр нысан!..» Фæлæ уыдæттæ нæ фæцудын кодтой Тугъаны-фырты. Уый уайтагъд раиртæста Мюнхены алырдæм хæцæг къордты зондахаст æмæ сæ диссаджы аивадæн фæхæст йæ ахъаззагдæр аппыл. Махарбег йе ’ргом тынг раздæхта импрессионизмы бындурæвæрæг Эдуард Манейы уацмыстæм, XIX æнусы æстайæм азты сæ кой кæмæн айхъуыст, уыдонмæ. Уый алы ахорæнты ивайæнтæ йæ зæрдæмæ арф хызтысты Махарбегæн. Тугъаны-фырты зæрдæмæ æппындæр нæ цыд Ян Тороны скъолайы фыдуынд, гуымиры куыст. Уыдæттæ фенгæйæ, Махарбег бæлвырддæр бамбæрста ахæм хуымæтæджы къленц- мленц нывты аипдзинад. Æмæ йе’ргом аздæхта æнæсахъат аивады уацмыстæм. Цалдæргай сахæттæ-иу Махарбег фæбадти Сегантинийы стыр æмæ рухс нывты уæлхъус æмæ кæсынæй не ’фсæст сæ хæххон пейзажтæм, йæхи дард райгуырæн Кавказы 472
уарзон быдыртæ йын йæ зæрдыл чи лæууын кодта, уыцы нывтæм. Тугъаны-фырт иттæг зæрдиагæй архайдта намысы Тицианы нывдæсныйад базоныныл, колоритуыйау æвдисынмæ, æнæаипп нывтæ кæнынмæ куыд арæхстаид, афтæ; тынг æнувыдæй ахуыр кодта Рембрандты динамикæ дæр йæ номдзыд ныв «Ганимед»- мæ гæсгæ... Йæ ахорæнтæ бирæ хатт сæмхæццæ кæнгæйæ, Махарбег йæхи хъардта цытджын Веласкесы конд портретты колорит æмæ цæрдæгдзинады уаг равдисыныл, Сегантинийы хуызæн бæлвырд æмæ хуымæтæджы сюжеттæ базоныныл, хæххон æрдзы цъæх айнæг къæдзæхтæ æмæ цыргъ рындзтæ сныв кæныныл. Махарбег йæ хъус тынг дардта Хурыскæсæны нывгæнынадмæ - Персы, Японы, Китайы аивадмæ. Æппæт бæстæты, алы дугты æмæ алы адæмты аивад ахуыр кæнгæйæ, Тугъаны-фырт йæхи хъардта, хуыздæрæй æмæ дзы пайдайагæй цыдæриддæр ис, уыдон базоныныл, цæмæй, йæ райгуырæн бæстæмæ сыздæхгæйæ, архайа ирон адæмы истори раст ныв кæныныл. Тугъаны-фырт дæр, цытджын Къостайы хуызæн, æппындæр гуырысхо нæ кодта, уæды фæстæзад Ирыстонæн тагъд рæстæджы йæ национ культурæ кæй райрæздзæн æмæ мæгуыр хæххон адæм сæ амонд кæй ссардзысты, ууыл. Тугъаны-фырт аивады хъуыддаджы фидар зондыл лæуд тынгдæр уымæн уыд, æмæ Мюнхены хæларæй царди тынг хорз у ырыссаг æмбæлттимæ - Репин æмæ Ашбейы аху ыргæнинæгтæ Алексей Иванович Явленский æмæ Марианнæ Владимировнæ Веревкинаимæ. Махарбег уыдонæй бузныг уыд йæ амæлыны бонмæ дæр, Мюнхены алымыггаг «модæ» къордты зилдухы кæй нæ бахауд æмæ реалистон фæндагыл фидар лæугæ кæй баззад, уый тыххæй. Уырыссаг реалистон аивадыл иуыл æнувьщ уæвгæйæ, уыцы æмбæлттæ Тугъаны-фырты нæ бауагътой рæдыд фæндагмæ рахизын, фæрæдийынæй йæ бахъахъхъæдтой йæхи мадызæнæг æфсымæр æмæ хойы хуызæн. Уалынмæ йæ мад амард, æмæ Махарбег 1907 азы фæстæмæ æрбаздæхт Уæрæсемæ. 473
2. Йæ графикæ Тугъанты Сафары фыртМахарбег йæ нывтæ кæд ахорæнтæй кодта, уæддæр графикон аивады йæхи равдыста диссаджы дæсны æмæ курдиатджын адæймагæй. Махарбеджы сфæлдыстады сæрмагонд бынат бацахстой Нарты кадджытæм гæсгæ арæзт графикон уацмыстæ. Нарты кадджытæ кавказаг адæмты тæккæ ахсджиагдæр сфæлдыстад куы рахонæм, уæд, мæнмæ гæсгæ, уымæй ницы гæдыныхас зæгъдзыстæм, уымæн æмæ Нарты эпос æппæт дунейы адæмон эпосты æмрæнхъ ахсы зынгæ бынат. Зæгъæм, «Сослан мæрдты бæсты», зæгъгæ, кæй хонынц, уыцы нывæн æнæдызæрдыгæй æрæвæрæн ис рагзаманы мифологи æвдисæг египетаг, халдейаг, грекъаг, скандинаваг æмæ æндæр адæмты уацмысты æмрæнхъ. Йæ бæлвырддзинадмæ гæсгæ ацы уацмыс лæмæгъдæр нæу Дантейы «Божественная комедия»-йæ. Æмæ уый ноджыдæр ма иу хатт æвдисы, Махарбег, нывтæ аразгæйæ, йæ размæ цы ахсджиаг хæстæ æвæрдта, уыдон. Нывгæнæг йæ хæс æххæст дæр кæны æнтыстджынæй, куыд аивадон æгъдауæй, афтæ литературон-историон æгъдауæй дæр. Дызæрдыггаг нæу, Тугъаны-фырт тынг бæстон кæй зыдта Нарты кадджытæ. Зындгонд циклтæ, зæгъæм, «Уæрхæг æмæ йæ фырттæ», «Батырадз», «Уырызмæг æмæ Сатана» æмæ æндæртæй уæлдай ма Махарбег фыста æндæр циклтæ дæр... Незаманы рæстæг... Зæхх æмæ арв кæрæдзийæ нæма фæхицæн сты... Тар кæмтты къæдзæхты цъассыты цæрынц уæйгуытæ, лæгъз быдырты та - гуымирытæ... Уалынмæ зæхх æмæ арвы æхсæн сау мылазон мигъы астæуæй ферттывта артæнгæс зиллакк, бæстæ ныррухс йæ тæмæнтæй, æмæ уыцы сахат фæзынди фыццаг нæртон адæймаг, Бæсты-Сæры-Тых. Зынгбуар лæг йæхи фурдмæ фехста, йæ тæвдæй фурд асур кодта æмæ æхсыстæй, домбайæ рахызт зæхмæ, цыфæнды знаджы ныхмæ æрлæууынмæ дæр цæттæ уæвгæйæ. Зынг æмæ адæймаг кæм баиу сты, уыцы диссаджы обрæз нын æвдисы, 474
фæллой æмæ тохы фæрцы йæ равзæрынгæнæг æрдзон тыхтыл чи фæтых, уыцы адæймаджы. Фыццаг нæртон лæг Бæсты-Сæры-Тыхы байзæддæгты дæр нывгæнæг æвдисы тыхджын, хъаруджынæй. Уыдон тохы ми- дæг ссарынц мæлæт, фæлæ уæддæр фæстæрдæм нæ аздæхынц. Зæгъæм, зæронд Сауассæ, Нарты бæстыхæйттæ хъахъхъ- æнгæйæ, йæ æфсæн лæдзæгæй знæгты иунæгæй кæм ныц- цæгъды, уыцы ныв, кæнæ нарты Куырдалæгон æмæ цуанон Борæйы ныв. Уæлдай тынгдæр та адæймаг йæ зæрдыл бадары, Борæ Мæлыкк æлдары кæм мары, уыцы ныв. «Нарты куывд» кæй хонынц (йæ фыццаг вариант), уый тыххæй аныхас кæнын хъæуы бæлвырддæр. Ныв фыст у акварелæй- сау туш æмæ алы æндæр ахорæнтæй. Царæй цы цырæгътæ зыны, уыдоны рухсмæ тар æрттывд кæнынц нарты хотыхтæ. Тар ахорæнтæ фæтыхджындæр вæййынц, къусы былтыл чи кафы, уыцы Сослан æмæ куывды бадæг нæртон адæмы иннæ æрттиваг дзаумæттæй дæр. Ахорæнты хуызтæ афтæ лыстæг æвзаргæйæ, Тугъаны-фыртæн бантыст хæрз чысыл детальтæ дæр сныв кæнын, суанг рæтты æргъæвджытыл цы нывæфтыдтæ вæййы, уыдоны онг. Æхсæвы рухс цас у! Фæлæ нарты гуыппырсартæ фынджы уæлхъус кæм бадынц, сæ цуры Уацамонгæйыл Сослан кæм кафы, уырдæм дæр æмæ уыдоны æдде иннæ кæртмæ дæр рухс кæлы бирæ цырæгътæй. Уый у акварелæй рухсгонд ныв. Ахæм мадзалæй сæ заманы пайда кодтой XVII æмæ XVIII æнусты бирæ нывгæнджытæ, æмæ дзы Тугъаны-фырт дæр спайда кодта тынг арæхстджынæй. Ахæм рухсгонд нывты дзæбæх раиртасæн вæййы цирхъыты æмæ хъаматы хæцæнтæ, къусты хъустæ, къахыдарæсы лыстæг нывæфтыдтæ, нæртон згъæр худты нывæфтыдтæ æмæ æрмкъухтæ. Уацамонгæ нывгонд у тынг рæсугъд, тынг бæлвырд, суанг нартæн сæхи уагыл арæзт фыры цæсты гагуыйы онг. Афтæ бæлвырд конд сты згъæр хæдæтты, уартыты æмæ æрцыты лыстæг нывæфтыдтæ дæр. Æмæ уыцы диссаджы нывыл дыууæ азы бæрц дæр уымæн фæкуыста нывгæнæг. Махарбег æрмæст иунæг акварель ахорæнтæй куы спайда кодтаид ацы ныв кæнгæйæ, уæд йæ лыстæг хæйттæ нæ 475
зындаиккой, æмæ дзы рахатæн нæ уыдаид, ирон адæмы рагон фыдæлтæ куы цардысты, уæды заманы уаг. Ныр та сæ хæстон хотыхтæ æмæ сæ риуыл ауыгъд алы фæлгонцæй базонæн ис, уыдон цы заманты цардысты, уый. Уымæ гæсгæ, ахорæнты ивайæнтæй тынг арæхсгæ архайгæйæ, нывгæнæгæн бантыст нарты дуг æмæ сæ царды уаг бæлвырд равдисын. Æмæ профессор Абайты Васо дæр йæ монографийы уымæн фыссы, «Тугъанты Махарбег кæй ныв кæны, уыцы адæмы цард æмæ дуг равдисыны дæсныдзинадмæ гæсгæ йæ ныв Репины «Запорожецтæй» цауддæр нæу», зæгъгæ. Тугьаны-фырт тынг хорз бакодта, нарты æфсæддон хотыхтæ, сæ цардуаджы мигæнæнтæ æмæ рæсугъддзинадæн кæй дардтой, уыцы дарæсы алымыггаг лыстæг фæлгонцтæ бæлвырддæр сныв кæнынæн Хъобаны æмæ Гæлиаты зæппæдзты материалон культурæйы дзаумæттæ кæй райста, уымæй. Уыдон сты бронзæйы æнусæй баззайæггæгтæ. Æмæ йæ нывтæ историон-этнологион æгъдауæй рауадысты раст. Уымæ гæсгæ сæ уæды дуджы уавæр бамбарæн ис бæлвырдæй. «Борæ-Болат-Куырды» цикл Махарбег сныв кодта туш æмæ урс ахорæнтæй фæныкхуыз гæххæттыл: Борæйы згъæр худ, йæ цирхъы хæцæны хуызæн, Уырызмæджы къæдз лæдзæг æмæ Сатанайы сæры дарæс нывгонд сты хъобайнаг культурæйы бæрæгдæр миниуджытæй, фыры сæр æмæ сыкъаты орнаменттæй. Уыцы мотив хуымæтæджы нæ райста нывгæнæг. Куыд зонæм, афтæмæй сызгъæрин фыры таурæгъ фæзынди мах эрæйæ бирæ раздæр æмæ баст у фыццаг аргонавттæ - грекъаг адæмæй Колхидæйы былгæрæттæм æппæты фыццаг чи рабалц кодта, уыдоны нæмттимæ. Уыцы незаманты грекъаг таурæгъ куыд дзуры, афтæмæй Кавказы зæххыл уæды рæстæг тынг кадджын уыди фыры хуызы бацæуæг дзуары культ æмæ йæ сызгъæрин нывæфтыдтæ тынг арæх уыдысты уæдыккон Колхидæйы. Ирон адæм суанг нудæсæм æнусы 30-æм азты онг дæр нæма фесæфтой сæ кувæндæттæ «Фыры дзуары» номыл. Дæргъæвсгомы Фыры дзуары кувæндоны цы æрхуы ныв уыдис - фыры сæр - уый чидæр адавта, зæронд адæм куыд 476
дзурынц, афтæмæй. Æмæ дæргъæвсæгтæ сæ кувæндоны уый бынаты сæвæрдтой æндæр фыры ныв дурæй кондæй. Уалынмæ та уый дæр чидæр адавта. Тугъаны-фыртæн 1928 азы йæ къухы бафтыд æрмæст дурын сисæй æхгæд кувæндоны бынат сныв кæнын, фыры нывтæ кæм æвæрд уыдысты, уый. Фыры дзуарæн ирон адæм куывтой куыд знæгтыл уæлахизгæнæг тыхджын бардуагæн. Йæ кувæндонмæ йын æрыгон сылгоймæгтæ кувынмæ цыдысты сæ зонгуытыл, хъæбатыр цот сын цæмæй рацæуа, уый тыххæй. Хъобаны, Куырттаты, Уæлладжыры æмæ Дыгургомы зæппæдзты менталы (бронзæйы) æнусæй цы нывтæ баззад, бронзæйæ конд фыры сæртæ, уыдон æнæдызæрдыгæй сты тынг рагон куыстытæ, мах эрæйæ цалдæр фондзыссæдз азы раздæр чи фæзынд, ахæмтæ. Æмæ Тугъаны-фырт дæр, уыцы истори биноныг сахуыр кæнгæйæ, уымæн ныв кæны ахæм хуызы нартæн канд сæ хæстон хотыхтæ нæ, фæлæ сæ архитектурæ дæр. Здыхт фыры сыкъаты хуызы Махарбег 1894 азы сныв кодта Махческы Дзгойты Дыккойы рагон тъæпæнсæр хæдзары цæджындзты арæзт. Æнкъард кæнæ иуыл зæрдæриссæн сюжеттæ ныв кæнгæйæ, Тугъаны-фырт тынг хæрзарæхстæй пайда кæны кæрæдзи ныхмæвæрд хуызтæй - сæнтсау æмæ сæнтурс ахорæнтæй, æмæ уымæй равдисы зæрдæйы уаг, кæм тынгдæр рахъыг кæнын хъæуы æмæ кæм фæхъæлдзæгдæр уæвын хъæуы, уыцы фæзилæнтæ. Уый тынг бæрæг у йæ нывты «Сырдон», «Сослан мæрдты бæсты», «Сосланы мæлæт», стæй йæ иннæ нывты дæр - «Чысыл Тотырадзы мæлæт» æмæ «Батырадзы мæлæт»-ы. Тугъаны-фырт маслæйæ цы нывтæ фæкодта, уыдоны колорит дæр арæзт у сæ мидисмæ гæсгæ. Зæгъæм, тынг талынг, зæрдæриссæн ахорæнтæй арæзт у «Нарты хæст хуыцæуттимæ», стонгæй йæ хъару кæмæн асаст, уыцы нæртон адæмыл баталынг сæ арвы хай. Æмæ уый тынг дæсны сарæзта Махарбег. Хуыцауæн фæхъыг, нæртон адæм йемæ схæцын кæй бауæндыдысты, уый æмæ сыл рауагъта залты мит. Хортæ нал æрзадысты, æмæ се сæфт æрцыд æххормагæй. Æрмæст ма 477
æхсæвыгон арвыл фæзыны рухс хоры хæлттæ, æмæ сын сæ нæмыг нарт æрæппарынц се ’рдынтæй, сæ фындзтæ калмы æвзагау хæрз цыргъ кæмæн уыдысты, ахæмтæй. Ахæм у сæ колорит Тугъаны-фырты æндæр нывтæн дæр. «Туджы зæй». «Батырадзы дарæг саг» æмæ «Уырызмæджы æнæном фырт Барастыры дуармæ», зæгъгæ, уыцы нывты. Махарбег уым дæр та спайда кодта тар ахорæнтæй, сæ мидис цæуыл дзурæг у, уый равдисыны тыххæй. Сыгъдæг тушæй арæзт сты «Куырдалæгон» æмæ «Церечы уарт». Ацы фæстаг нывы æрвхуыз рухсбын цъæх фоныл сæнт бур ахорæнæй конд у, Сосланы кафынæй чи амбылдта, уыцы нæртон сахъгуырд Челæхсæртæджы æндон саулохаг. Сослан та дзы нывгонд у талынг ахорæнæй, бур-бурид гæххæттыл. Сослан куы бамбæрста, хинæй йыл рацыдысты æмæ йæ хотыхты хуыздæр - Церечы уарт Бидасы згъæр худимæ - йе знагæн лæвæрд цæуынц, уый, уæд ма фырмæстæй фæлæбурдта цирхъмæ. Уыцы нывы Махарбег йæ гæххæтт ранæй-рæтты ныууадзы сыгъдæгæй, дардмæ та зыны ахуырсты хуызæн. Гъе, уый у дæсны нывгæнæджы нысан. Æмæ уым зæрдыл æнæрбалæугæ нæ фæвæййынц дунейы цытджындæр нывгæнæг Ван-Дикы ныхæстæ: «Нывмæ хæстæг ма цæут, йæ ахорæнтæ æнад тæф кæнынц». Тугъаны-фырт акварелæй скодта æрмæст фыццагдæр нæртон адæймаг Бæсты-Сæры-Тыхы, цæхæры хуылфæй райгуыргæйæ йæхи денджызмæ баппæрста, афтæмæй. Цæхæры рухсæй æмæ доны уылæнтæй рухс къæдзæхтæ тынг сты сырхзынг къорийы зиллæччыты хуызæн, фыццаг нæртон лæг кæцæй равзæрд, уый хуызæн. Нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы графикон куыстытæн сæ бæрæгдæр миниуæгыл банымайын хъæуы уый, æмæ сæ иууылдæр скодта хуызджын гæххæттыл, кæй фæныкхуыз, кæй уымæй тардæр, кæй та кæрдæгхуыз картоныл кæнæ кæттагыл. Уый тыххæй нывгæнæджы алы хатт дæр хъуыди биноныг ныхъхъуыды кæнын йæ сюжеты композицийыл сæрæй- бынмæ, уымæн æмæ фонæн цавæр хъæуы, ахæм хуыз куынæ равзарай, уæд ныв цæстахадгæ нæ рауайдзæн, цыфæнды хорз 478
æй куы скæнай, уæддæр. Кæй кæнынмæ хъавай, уыцы нывæн йæ мидисмæ гæсгæ фон раст куы равзарай, стæй картон кæнæ кæттаг, уæд дæ куыст рауайдзæн бæлвырд хуыздæр. Афтæ арæзт у «Ацæмæзы зарæджы» композици, Кæрдæгцъæх-æрвхуыз гæххæтты фон йæхæдæгйæхи æгъдауæй дæр æвдисы уалдзæджы нывтæ, æрдзы хъæлдзæгдзинад, нæртон фыййау Ацæмæзы ныфсвидардзинад, йæ уарзон хъал чызг Агуындæ-рæсугъдимæ кæй баиу уыдзæн, уыцы рухсзæрдæ нывтæ... Кæрæдзи фæдыл кафгæ чи æрбацæуы, уыдон та - арсæй, сагæй, дзæбидырæй - се’ппæт дæр сты талынг ахорæнтæй конд, цæмæй уыцы тар ахорæнты фарсмæ æрвон æмæ кæрдæгхуыз рухсытæ бæлвырддæрæй æвдисой зæрдæрухс уалдзæджы улæфт. Нывгæнæг Тугъаны-фырт нæртон адæмы обрæзтæ æвдисы, сæ царды куыд бухъзæрдæ уыдысты, афтæмæй. Махарбеджы нарты нывтæ æмæ композицитæм кæсгæйæ, алчи дæр бамбары нæртон адæмы æхсардзинад, сæ тых, сæ хъару. Гъе, уымæй ацы нывгæнæджы сфæлдыстад тынг æнгом лæууы нарты эпосмæ. Тугъаны-фырт цы обрæзтæ сфæлыста, уыдон адæмæй никуы рох кæнынц, дæсны кадæггæнæгмæ хъусгæйæ, нæртон адæм нæ цæстытыл куыд бæлвырдæй фæуайынц, раст афтæ. Уырыссаг æвзагæй Рæмонаты Ленæйы тæлмац —<©$©>- 479
Хъазбегты Хъазбег АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД ÆМÆ АИВ ЛИТЕРАТУРÆ Алы адæмыхаттæн дæр йæ дзыхæйдзургæ сфæлдыстад райгуырдис рагон, незаманон дуджы. Уый фидар кодта, рæзыдис æмæ йæ къабæзтæ фæйнæрдæм уагъта æхсæнады царды арæзтадон рæзтимæ. Фольклор йæ жанртæм гæсгæ у алыхуызон æмæ хъæздыг: аргъæуттæ, кадджытæ, зарджытæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ æмæ æнд. Фæллойы бындурыл чи райгуырдис æмæ кълассон тохы чи сырæзыдис, уыцы адæмон сфæлдыстады историон, æхсæнадон æмæ хъомыладон ахадындзинад у егъау æмæ ахсджиаг. Уый тыххæн номдзыд искусствовед æмæ фольклорист Поль Лафарг йæ чиныг «Культурæйы историйы очеркты» 53 фарсыл фыста: «Зарæг, кæмфæнды дæр чи райгуырд æмæ дзыхæй-дзыхмæ лæвæрд чи цæуы... уый адæмæн у сæ зæрдæйы уаг æргомгæнæг, сæ зонындзинæдты, сæ дины, сæ философийы энциклопеди; сæ уырнындзинад, сæ национ истори кæм æвдисынц, ахæм хæзна». Зарæг, адæмон сфæлдыстады иннæ хуызтæй уæлдай, арæзт æрцæуы æрмæстдæр зарынæн бæлвырд мелоди æмæ музыкæимæ. Уымæ гæсгæ уайтагъд апарахат вæййы уæрæх дзыллæты æхсæн. Адæмон зарджытæ арæх свæййынц национ сæрибардзинад æмæ революцион тохы зарджытæ, фæллойгæнæг адæмы зондахасты райхъал кæнынц кълассон хиæмбарындзинад, сыстын сæ кæнынц революцион тохмæ. Адæмон сфæлдыстадæн стыр аргъ кодта В. И. Ленин, уый уарзта фæллойгæнæг адæмы æхсæн уæвын æмæ уыдоны аргъæуттæ, зарджытæ, æмбисæндтæ æмæ цыргъ ныхæстæм хъусын. Уыцы хъæздыг къæбицы В. И. Ленин хорз хатыдта адæмы оптимизм, сæ бæллицтæ æмæ ныфс сомбоны рухс цардмæ, æнæбасæттæ егъау хъаруйыл æууæндындзинад. 480
Уый тыххæй академик Бонч-Бруевич йæ мысинæгты фыс- сы: «В. И. Ленин биноныгæй кастис «Смоленскы этнографон æмбырдгонд» æмæ бæрæг кодта, цы æрмæг дзы мыхуыргонд æрцыдис, уый егъау ахадындзинад. Иу ахæмы ныхас куы рауадис дзыхæйдзургæ адæмон сфæлдыстады тыххæй, уæд Владимир Ильич ракуырдта, цæмæй йын радтой æркæсынмæ зарджыты, былинæты æмæ аргъæутты цалдæр æмбырдгонды. Йæ курдиат æххæстгонд æрцыд. «Цы диссаджы æрмæг у, - загъта уый. - Ацы æрмæгмæ гæсгæ ныффыссæн ис æмбисонды иртасæн куыстытæ адæмы бæллицтæ æмæ æнхъæлцауты тыххæй... Адæмон сфæлдыстад у, æхсызгон чи хъæуы æмæ йæ ахадындзинад стыр кæмæн у нæ дуджы адæмы психологи сахуыр кæнынæн, ахæм...» Ирон адæмæн сæ незаманон фыдæлтæй баззадис, хъæздыг æмæ жанртæм гæсгæ алыхуызон чи у, ахæм фольклор. Уыцы кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ æмæ зарджытæм гæсгæ сбæрæггæнæн ис, ирон адæм рагон рæстæгæй Октябры Социалистон революцийы онг цы уæззау фæндæгтыл фæцыдысты, цы бирæ фыдæбæттæ æмæ цы удхартæ федтой, уыдон. Уыцы хъæздыг æрмæг бæрæг кæны ирон фæллойгæнæг адæмы æнæфæцудгæ тых се знæгты ныхмæ, кълассон тохы уавæр сæ историон фæндæгтыл, сæ оптимизм, се ’гъдæутты æмæ сæ эстетикæйы æмбудындзинады хъару, сæ егъау адæг бындурджын фантази, се ’взаджы æмæ сæ аивадон мадзæлтты хъæздыгдзинад. Фæлæ ирон адæмон сфæлдыстады æрмæгмæ ис бирæ æмхуызондзинæдтæ, Цæгат Кавказы рагæй чи цæры, уыцы адæмты фольклоримæ. Ацы хъуыддаг æваст æмæ иу ран нæ сæвзæрд. Цæгат Кавказы цы хæххон адæмтæ æрынцадис, уыдон рацыдысты æмхуызон æхсæнадон-экономикон формацитыл. Уымæ гæсгæ сæ фольклор у кæрæдзимæ хæстæг. Ирон адæмон сфæлдыстадæн йæ тæккæ хъæздыгдæр хуызтæй иу у Нарты эпос. Нæй ирон адæмæй ахæм, æмæ уыцы кадджытæ чи нæ зоны, чи нæ уарзы, сæрыстыр сæ чи нæу. Гъе, уымæ гæсгæ сæм тынг рагæй дарын байдыдтой 481 31
сæ хъус Уæрæсейы æмæ дунейы номдзыд ахуыргæндтæ. Æмбырд кæнын, фыссын æмæ сæ наукон æгъдауæй ахуыр кæнын райдыдтай суанг 1830 азтæй фæстæмæ, фæлæ æцæгæй, бындуронæй куыст æрцыдысты æрмæстдæр Октябры Социалистон революцийы фæстæ, Советон хицаудзинады рæстæджы. Нарты эпос канд ирон адæммæ нæй, уыцы кадджытæ сты Кавказы цæрæг æндæр адæмтæм дæр. Уыдон дæр сæ иу фæлтæрæй иннæмæ дæттынц дзыхæй-дзыхмæ æмæ сæ хъахъхъæнынц ферох кæнынæй, нымайынц сæ сæ аивады æмæ культурæйы хьæздыгдзинадыл. Цалдæр азы размæ кæсгон адæм, Нарты кадджытæй сæм цы æрмæг уыдис, уый рауагътой хицæн чиныгæй. Нарты эпосæй бирæ кадджытæ ис адыгемæ, балхъайрæгтæм, мæхъæлмæ, цæцæнмæ, абхазмæ æмæ Кавказы иннæ цæрæг адæмтæм дæр. Уыцы адæмтæй алчи дæр йæ кадджыты бауагъта йæхи национ уд, йæхи философи, бавæрдта дзы йæхи историон цаутæ, йæхи æгъдæуттæ æмæ йæхи аивадон дæсныйад. Алы адæммæ дæр нарты эпосæй цы ис, уый уыцы адæмæн у йæхи спецификон зондахаст æвдисæг. Адæмон сфæлдыстады ахæм фæзындтæ æмæ уавæры тыххæй номдзыд уырыссаг критик æмæ æхсæнадон архайæг В. Г. Белинский афтæ фыста: «Адæмон поэзи у айдæн, æмæ уым æвдыст цæуынц уыцы адæмы цард, йæ характерон фæзындтытæ æмæ мыггагон царды нысæнттæ». Æмæ дарддæр: «Алы адæмæн дæр йæ поэзи хæссы йæхи удахасты джипп». Кавказы рагæй нырмæ сыхагæй цы адæмтæ царди æмæ цæры, уыдонæн сæ экономикæ æмæ культурæйы тæваг æнæфæбæрæг уæвгæ нæ уыдис кæрæдзийыл. Гъе, уырдыгæй февзæрдысты Нарты кадджыты æнгæсдзинæдтæ дæр. Райсæм ирон æмæ кæсгон адæмты нарты кадджытæ. Иронау - нарты Батраз Хæмыцы фырт, кæсгонау - нарти Батрез Хымышы-фырт. Ацæ - Аше, Сатана - Сатаней (дыууæ адæммæ дæр æвдыст цæуы кондцжын, æгъдауджын æмæ зондджын сылгоймагæй, нарты адæмы æхсæн стыр кад æмæ 482
æгъдау кæмæн ис, ахæмæй). Созырыхъо - Сосруко (ацы ном у кæсгон. Созыр - ном, хъо - фырт, ома Созыры фырт), Ацæмæз - Ашемез (дыууæ адæммæ дæр дæсны уадындздзæгъдæг), Арæхцау - Аракшу, Агуындæ - Æкынде æмæ афтæ дарддæр. Æмхуызондзинад ис ирон æмæ кæсгон нарты эпосы мыггæгтæм дæр. Зæгъæм: иронау - Алæгатæ, кæсгонау - Алыг æмæ æнд. Ирыстоны æмæ Кæсæджы нарты кадджыты топонимикон æгъ дау æй дæр ис иуху ызондзинæдтæ, зæгъæм, Æрджынарæджы незаманон мæсыг иронау хонæм Дзылат, кæсгон адæмон сфæлдыстады та - Жулат, Волгæ дыууæ адæммæ дæр хуыйны Идыл, Куырыпп - Куырыпп. Ис сæм æнæуи дæр бирæ æмхуызон дзырдтæ, ирон адæммæ -сæн, кæсæгмæ - сано (нарты адæмы нозт, ирмæ та йæ хонынц ронг), дамгъæ (тавро), пилуан-пилиуан æмæ афтæ дарддæр. Ахæм æмхуызондзинæдтæ ис ирон адæмы, Хъæрæсейы, Балхъары, Абхазы, Мæхъæлы, Цæцæны æмæ Кавказы æндæр адæмты нарты кадджыты æхсæн дæр. Æмхуызондзинæдтæ ис Кавказы адæмтæн сæ аргъæутты æхсæн дæр, зæгъæм, дагестайнаг аргъау «Денджызон бæх» тынг æнгæс у ирон аргъау «Æртæ æфсымæримæ», кæнæ ирон аргъау «Сылтоймаг æмæ кæфхъуындар» æмæ цæцæйнаг аргъау «Хъæхъхъаг сылгоймаг æмæ кæфхъуындар»-ы æхсæн дæр... Зæгъын хъæуы, Цæгат Кавказы адæмты музыкалон фольклоры æхсæн дæр кæй ис бирæ æмхуызондзинæдтæ сæ мелодикæмæ гæсгæ дæр. Зæгъæм, кæсгон симды цагъд «Пшыхъаффæ» (æлдæртты кафт) тынг æмхуызон у ирон «Ханты цагъд»-имæ. Уыцы мелоди ис хъæрæсейаг æмæ балхъайраг адæмтæм дæр... Дызæрдыггаг нæу, алы адæмæн дæр йæ фольклор алы æгъдауæй дæр бындурæвæрæн кæй уыдис йæ аив литературæйы райгуырынæн. Фæллойгæнджытæ сæ царды мидæг мингай азты дæргъы æрæмбырд кодтой лексикон хъæздыгдзинæдтæ, сæ аргъæутты, кадджыты, зарджыты сарæзтай тыхджын æмæ æххæст обрæзтæ, сæ æмбисæндты бавæрдтой сæ арф философи, сæ кадджытæн сарæзтой бæлвырд сюжеттæ æмæ композицитæ. 483
Стыр уырыссаг фыссæг А. С. Пушкин хорз хатыдта уыцы зынаргъ миниуджытæ фольклоры. Уый, адæмон æмбисæндтæ æмæ аргъæуттæм хъусгæйæ, сæрыстырæй дзырдта: «Аргъау аргъау у, фæлæ не ’взагæн уырыссаг аргъауы цы уæрæх фадæттæ ис, ахæм ын æндæр ран нæй. Æмæ цы парахат у, арфхьуыдыджын, цас зонд ис нæ алы æмбисонды дæр! Цы сызгъæрин у! Фæлæ къухты не ’фты, нæ! Цы диссаг сты ацы аргъæуттæ! Алчи дæр дзы у кадæг!» Адæмон сфæлдыстадæн стыр аргъ кодта номдзыд пролетарон фыссæг А. М. Горький. Уый, советон паддзахады æппæтцæдисон фысджыты фыццæгæм съезды докладгæнгæйæ, загъта: «Тæккæ арфдæр æмæ тæмæнтæ калгæ, аивадон æгъдауæй æххæстдæр геройты типтæ сарæзта фольклор, фæллойгæнæг адæмы дзыхæйдзургæ сфæлдыстад... Æз хатын хæлардзинады уынаффæимæ... Кавказы æмæ Астæуыккаг Азийы минæвæрттæм: æмбырд кæнут уæ фольклор, ахуыр ыл кæнут уæхи, сфæлдыстадон æгъдауæй йыл кусут. Уый бирæ æрмæг ратдзæн сымахæн дæр æмæ махæн дæр, нæ Цæдисы поэттæ æмæ прозаиктæн...» Ирон адæмы нарты эпос, Даредзанты кадджытæ, хъæздыг аргьæуттæ, кадджытæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, зарджытæ æмæ фольклоры иннæ хуызтæ, фæллойгæнæг адæмы цагъар цард, Уæрæсейы раззагдæр литературæ æмæ революцион- демократон идейæты бындурыл сырæзыдис номдзыд поэт- революционер, æхсæнадон-политикон архайæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Фольклор ахуыргæнгæйæ, Къоста арфдæр бамбæрста Ирыстоны фæллойгæнæг адæмы гæныстойнаг цард, уыцы фольклоры мидис ын ноджы тынгдæр фидар кодта æмæ æхсыста йæ революцион-демократон зондахаст. Аргъæуттæм æмæ кадджытæм хъусгæйæ, Къоста дис кодта уыдоны сюжетон æмæ композицион арæзты дæсныдзинадыл, йæ цæстыты раз-иу слæууыдысты сæ сæйраг архайджыты хæрзарæзт сурæттæ, йæ зæрдæмæ хызтысты æвзаджы дæсны фæзилæнтæ æмæ йын хъæздыгдæр кодтой йæ лексикæ. 484
Ирон кадджытæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ зарджытæ Къостайы зæрдæ агайын байдыдтой суанг йæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ, æмæ куы фæхъомыл, уæд зилын байдыдта Ирыстоныл æмæ-иу хъуыста дæсны фæндырдзæгъдджыты кадджытæ æмæ зарджытæм. Уый тыххæй æрыдойнаг кадæггæнæг Аксо йæ мысинæгты Къостайы тыххæй фыссы, зæгъгæ дам-иу Къоста Æрыдонмæ куы æрцыдис, уæд-иу ын æнæбабæрæг кæнгæ нæ уыдис Ныхас æмæ-иу балæгъстæ кодта, цæмæй йын акодтаиккой ирон зарджытæ, кадджытæ æмæ таурæгътæ. Къоста йе сфæлдыстадон куысты адæмон таурæгътæ, кадджытæ, аргъæуттæ æмæ зарджытæй кæй пайда кодта, уый йæхæдæг дæр дзырдта. Къоста канд хъусын нæ уарзта кадджытæ æмæ аргъæуттæм, фæлæ сæ æмбырд дæр кодта. Уый бæрæг у йæ дзыппы даргæ фыссæн чиныгæй дæр. Уæды рæстæджы ирон музыкæйыл чи куыста, уыцы композитортæн сæ фылдæр бахатыдтой Къостамæ, ирон адæмон сфæлдыстад хорз кæй зыдта, уымæ гæсгæ, цæмæй сын феххуыс кодтаид хуыздæр адæмон зарджытæ равзарынмæ, уыдонæн сæ мелодикæ раст раиртасынæн. Зæгъæм, зынгæ гуырдзиаг композитор Д. Аракешвили фыссы: «1902 азы, Гуырдзыстоны бирæ куы фæбалц кодтон, уый фæстæ æз мæ фæндаг ракодтон мæ райгуырæн Дзæуджыхъæумæ; уым мæ фæндыдис ирон адæмон зарджытæ ныффыссын. Уым иу мæ зонгæимæ мæнæн мæ къухы бафтыдис Хетæгкаты Къостаимæ сæмбæлын. Уый уыдис къæсхуыр, ныллæггомау, йæ уæлæ цухъхъа. Не ’рбацыд Къостайæн уыдис тынг æхсызгон, тынг диссаг æм фæкастис, цæй тыххæй йæм бацыдтæн, уый куы базыдта, уæд. - Тынг æхсызгон мын у, - загъта Къоста, - ирон адæмон зарджытæ æмбырд кæнын фæнд кæй скодтай, уый. - Афтæ у, - радтон дзуапп æз, - ирон адæмы зарджытæ сты хъæздыг æмæ мæ æлвасынц сæхимæ...» Исчи-иу ирон адæмон сфæлдыстад, зарджытæ, музыкæ парахат кæныныл куы куыста, уæд уый Къостайæн кæддæриддæр уыдис æнæкæрон æхсызгон, æмæ ахæмтæн 485
Къоста кæддæриддæр цæттæ уыдис æххуыс кæнынмæ. Уый тыххæй К. Атаров йæ мысинæгты зæгъы: «1902 азы уалдзыгон каникулты рæстæджы Дзæуджыхъæуы гимнаы хистæр кълæстæй иу къорд лæппуйы, сæ разамонæг Бетъырбухы консерваторийы студент Павел Мамулов, афтæмæй сарæзтой зарджыты къорд... Уыдоны тынг зæрдиагæй фæндыдис сæ репертуармæ ирон зарæг бахæссын. Мамулов цы æрмæг æрæмбырд кодта, уымæ хъуыдис æркæсын. Уыцы рæстæджы, хастæй сыздæхгæйæ, горæты цардис Хетæгкаты Къоста, æмæ мах æххуысагур бацыдыстæм уымæ. Къоста мах курдиатыл куыд зæрдæбынæй ныццин кодта, уый куы федтам, уæд æм кæсгæ баззадыстæм джихæй. Куыд тынг уарзта Къоста йæ адæмы! Ирон зарджыты мотивтæ куы зарыдис, уæд-иу йæ цæсгом куыд ныррухс, уый мæ ныр дæр нæ рох кæны, ахъазы мæ цæстытыл. П. Б. Мамулов ныффыста адæмон зарджытæ, стæй сæ цыппар хъæлæсæй нотæтæм раивта, æмæ сæ уæд мах æнтыстджынæй ахуыр кæнын райдыдтам. Нæ репетицитæм арæх цыдис Къоста æмæ нын лæвæрдта зынаргъ амындтытæ. Тагъд рæстæгмæ хор уыдис цæттæ концерт дæттынмæ, æмæ концерты эстрадæйæ ирон зарджыты зыланг айхъуыстис 1902 азы сæрды... Афтæ баххуыс кодта ирон зарджытæ парахат кæнынæн Хетæгкаты Къоста». Хетæгкаты Къоста йæ уацмысты сфæлдыстадон æгъдауæй пайда кодта ирон кадджыты, аргъæутты, зарджыты, таурæгъты, æмбисæндты мидисæй, сæ формæйæ, сæ композицион арæзт æмæ сæ аивадон мадзæлттæй. Профессионалон кадæггæнджытæн æмæ зарæггæнджытæн Къоста кодта тынг стыр аргъ. Хуыдта сæ, сæ кадджытæ æмæ сæ зарджытæй мæгуыр адæмы цард чи æвдисы, сæ зæрдæты сын тохы арт чи уадзы, ахæм адæмон поэттæ. Ахæм профессионалон зарæггæнæджы - фæндырдзæгъдæджы - ныв Къоста равдыста йæ кадæг «Хъуыбады»-йы. Адæмон таурæгъгæнæг мæгуыр зæронд лæджы ныв Къоста фæлгонц кæны дæсны ахорæнтæй йе ’ннæ уацмыс «Уæлмæрдты» дæр. 486
Къоста стыр аргъ кодта Нарты кадджытæн, æмбæрста сын сæ историон æмæ аивадон ахадындзинад æмæ сæ æмбырд дæр кодта. Къостайæн йæ дзыппыдаргæ фыссæн чиныджы цыбыр фыстæй сты Нарты кадджытæ, тынгдæр та сæ сæйраг архайджытæ: Уырызмæг, Батырадз, Сатана, Сырдон. Уый Нарты эпосæй иста хицæн кадджытæ æмæ сæ пайда кодта сюжетон æмæ æвзаджы хъæздыгдзинады æгъдауæй. Зæгъæм, йæ кадæг «Уæлмæрдты» фыст у «Сослан мæрдты бæсты», зæгъгæ, уымæ гæсгæ. Нарты æмæ Даредзанты кадджытæм гæсгæ Къоста ныффыста йæ тыхджын уацмыс «Лæскъдзæрæн» дæр. Адæмон легендæтæм гæсгæ фыст сты Къостайæн йæ кадджытæ «Хетæг» æмæ «Кæуæг айнæг». Рагон номдзыд грекъаг фыссæг Гомеры эпосы дзырды дæсныйы, зарæггæнджыты минæвар у Арфей. Уый зарджыты мыртæ афтæ тыхджын уыдысты, æмæ-иу денджызты чи ленк кодта, уыдон дæр уыцы мыртæм хъусгæйæ бафынæй сты. Нарты кадджыты ахæм æмбисонды уадындзæйзарæг уыдис Ацæмæз. Уый зарджытæй-иу райхъал сты æрдзы æппæт цæрджытæ дæр, кафын-иу байдыдтой сырдтæ, мæргьтæ, суанг ма бæлæстæ дæр. Нарты Ацæмæзы уадындзы мыртæ, Арфейы фæндырау, фынæй нæ кодтой, фæлæ уыдысты тыхджын æмæ царддæттæг. Ахæм æмбисонды хьæлæсмæ бæллыдис Къоста дæр æмæ йæ иустрофайон æмдзæвгæйы фыста: Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин, Арвмæ куы хьуысид мæ фæндыры хъазт, - Дунеты се ’ппæт мæхимæ æрхонин, Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст. Къостайы сфæлдыстады уацмыстæн сæ дзæвгар хай баст У адæмон сфæлдыстадимæ. Уæлдайдæр та зыны йæ ахæм фыстытыл: «Хъуыбады», «Фсати», «Лæскъдзæрæн», «Хетæг», «Уæлмæрдты», «Кæуæг айнæг», «Саг æмæ уызын», «Лæг у æви ус», «Ахуыр», «Рувас æмæ зыгъарæг», «Булкъ æмæ мыд», «Марходарæг», «Æрра фиййау» æмæ æндæрты. 487
Зæгъын хъæуы уый, æмæ Къостайæн йæхи сфæлдыстадæй дæр бирæ цыргъ ныхæстæ кæй бахызтысты адæмон сфæлдыстадмæ. Ахæмтæ сты. зæгъæм: «Лæппуйæ рæдийаг Нæ вæййы æвзæр!..» «Цы мæгуыр дæ иунæг, Дæ мад амæла». «Ма худ аууонмæ æвзæрыл, Хорзы-иу йæхи г/ур бафау!» Дунетæй хуыздæр куы фестай, Гъе уæддæр дæхи уд ма стау!» «Бирæгъ зыд кæй кæны, — Чидæрид зоны». «Дæ фыдæлтæ рухсаг, Дæхæдæг мын бæзз!» «Хивæндмæ дæ уайдзæф Худæгау кахдзæн»... æмæ афтæ дарддæр. Къоста тынг бирæ уарзта ирон адæмы зарджытæ æмæ сæ йæхæдæг дæр тынг дæсны зарыдис. Ахæм зарджытæ уыдысты: «Онай», «Чепена», «Тауыче», «Сагъæстæ» æмæ æнд. Уыдоны ритмикон арæзт æнæмæнг фæбæрæг ис Къостайы уацмысты бæрцбарстыл. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ирон зарджытæ æмæ мелодитæ кæй сæвæрдтой бæлвырд уаг бæрцбарстæн. Уый у силлабо- тоникон бæрцбарст. Æрхæссæм дæнцæнтæ: «Онай, ой, аууæрдут, уæрдджытæ. Онай, ой, аууæрдут, аууæрдут! Онай, ой, усгуры нымæту Онай, ой, усгур та ахæм у, Онай, ой, цæхæрцæст лæппу у!» (Онайы зарæг) Ацы зарæджы ис бæлвырд бæрцбарст амфибрахи. Райсæм æндæр ирон адæмон зарæг «Цола». Ацы зарæгæн йæ бæрцбарст у хорей. Æркæсæм æм: 488
«Ой, Цола, Цолахьазтмæ нæ цæуы, гьей! Уæрæйдæ, уæллаг сыхы ыстыр хъазгп, гьей! Усерæйдæ, дæллаг сыхы тымбыл спмд, гьей!» Ацы бæрцбарст ноджы тынгдæр бæлвырд кæны ирон адæмон зарæг «Тауче»-йы: «Цыллæдзыкку Тауче, Уойуæрæйдæ, Тауче! Нарæгастæу Тауче, Уой, уæрæйдæ, Тауче! Ирон фольклорæн стыр аргъ кодта поэт Къубалты Алыксандр. Уый бирæ бакуыста Нарты кадджытæ æмæ ирон адæмы зарджытæ æмбырд кæныныл. Хицæн чиныгæй æмдзæвгæтæй фыстæй уырыссагау рауагъта Нарты эпосæй цалдæр кадæджы: «Рæсугьд Дзерассæ», «Уырызмæг æмæ Хæмыц», «Хуыцæутты куывд», «Æфсæроны фырт Алæф æмæ Созырыхъойы мæлæт». Уыцы кадджытæ сюжетон æгъдауæй се’ппæт дæр сты æмхуызон, æрмæст сыл Алыксандр бакуыста сфæлдыстадон æгъдауæй. Ирон зарæг «Æфхæрдты Хæсанæмæ» гæсгæ Алыксандр ныффыста кадæг, сныв кодта кадæггæнæг куырм Бибойы сурæт: Гье, хъæздыг куырм Бибо! Гье, цытджын зæронд лæг! Радта дын Уастырджи сау хъисæй хуыйысæр, Радта зæрдæргьæвд, радта дын дзырдæргъæвд. Фыдæлты кадджытæ се ’ппæт дæр куы зоныс, Се ’ппæт дæр куы цæгъдыс сау хъисын фæндырæй! Ацы кадæгæй уæлдай ма Алыксандр ирон фольклорæй райста сюжеттæ йе ’ннæ кадджытæ «Чермен», «Æлгъуызы куывд» æмæ æнд. Ирон фольклоры тæваг фæхæццæ Гуырдзыбегты Блашкайы сфæлдыстадмæ дæр (уый дæр йæ поэтикон куыст кæнын райдыдта Хетæгкаты Къостайы рæстæджы). Блашкайæн йе сфæлдыстады зынгæдæр уацмыстæй иу у кадæг «Сахи рæсугъд». (Мыхуыры хицæн чиныгæй рацыдис 489
1903 азы Дзæуджыхъæуы). Йæ темæ у хорздзинад æмæ æвзæрдзинады æхсæн тох; сылгоймæгты æмбардзинады ныхмæ тох. Раст ацы уацмысы сюжеты хуызæн у «Даредзанты Хъараманы фырт куыд фесæфтис», уыцы кадæджы арæзт дæр. Бæлвырд у, Гуырдзыбегты Блашка йæ уацмысы сюжет Даредзанты кадджытæй кæй райста æмæ йыл поэтикон æгъдауæй кæй бакуыста, уый. Уымæй уæлдай ма йæ комеди «Æдули» æмæ йе’мдзæвгæты дæр арæх пайда кодта адæмон æмбисæндтæй. Стыр аргъ кодта адæмон сфæлдыстадæн фыссæг Цæголты Георги дæр. Уый хатыдта ирон адæмы аргъæутты, Нарты кадджыты æмæ хъæбатырдзинады зарджыты оптимистон тых, се’цæгдзинадон бæллиц æмæ хæстон сидт ног æрцæугæ рухс æмæ сæрибар цардмæ. Цæголты Георгийæн йе’ппæт сфæлдыстады дæр æнцон раиртасæн у ирон фольклоры тæваг. Уый дæр, Къостайау, стыр кад кодта æмæ ахсджиаг бынат лæвæрдта адæмон зарæгæн, уыдта, уый фæллойгæнджыты разæнгардгæнæг кæй у сæ бартыл тохы, размæ бырсыны фæндагыл. Адæмон сфæлдыстад зыны йæ æмдзæвгæтæ «Прометей», «Песнь Кудайната», «Рассказ дигорца» æмæ иннæтыл дæр. 1912 азы Цæголты Георгийæн мыхуыры рацыд йæ чиныг «Край беспросветной нужды», зæгьгæ. Ацы чиныджы дæр автор дзуры Нарты æмæ æндæр кадджыты ахадындзинады тыххæй. Ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбы- здыхъойы сфæлдыстад дæр баст у ирон фольклоримæ. Елбы- здыхъо хорз æмбæрста адæмон сфæлдыстады арф æнкъ- арæнтæ, дæсны аивадон мадзæлттæ æмæ хъæздыг æвзаг. Йæ фыццагдæр драмон уацмыстæй иу уыдис «Маймули рухсаг - æгас цæуæд ирон театр» Куырттаты комы цæрæг адæмæн се стырдæр бæрæгбонтæй иу уыди Дзывгъисы дзуары бон. Уæд-иу æппæт комы цæрджытæ дæр æрæмбырд сты сæ кувæндонмæ æмæ-иу уым уыдысты æртæ боны дæргъы. Цæмæй æнкъард ма кодтаиккой, уый тыххæй-иу цалдæр 490
адæймаджы сæ кæрцытæ рафæлдæхтой зыгъуыммæ, сæхицæй- иу сарæзтой маймулитæ æмæ алы худæджы митæй хъæлдзæг кодтой куывды адæмы. Ацы бæрæгбоны æгъдаумæ гæсгæ фыст æрцыдис Брытъиаты Елбыздыхъойы иуактон пьесæ, æрмæст Елбыздыхъомæ маймули гобийæ нæ баззадис, фæлæ сдзырдта æмæ адæмæн бамбарын кодта йæ хъуыдытæ, фæсидти сæм размæ, рухсмæ. Елбыздыхъо хорз зыдта Даредзанты эпос дæр æмæ кадæг «Амыран æмæ цуанон»-мæ гæсгæ ныффыста йæ æртæактон трагеди «Амыран». Амыран у Прометейы обрæз. Амыран тох кодта фæллойгæнæг адæмы цагъаргæнджыты ныхмæ, хуыцæуттæ æмæ æрвнæрынгæнæджы ныхмæ, архайдта фæллойгæнджыты цард срухс æмæ самондджын кæныныл. Елбыздыхъойæн йе’ннæ уацмыстæ дæр - «Цад» æмæ æндæртæ - баст сты ирон адæмон сфæлдыстадимæ. Иннæ ирон драматург Кочысаты Розæ дæр йæ уацмысты сфæлдыстадон æгъдауæй спайда кодта ирон адæмы фоль- клорæй. Ис ахæм ирон таурæгъ: Цардис дыууæ æрдхорды æмæ дыууæйæ дæр уарзтой иу чызджы, фæлæ йæ сæ кæрæдзийæн нæ хъæр кодтой. Фæстагмæ чызг разыйы ныхас радта сæ иуæн. Уый иннæ куы базыдта, уæд йе ’мбалы цуаны акодта. Бирæ фæзылдысты тар хъæды, æхсæв физонджытæ фæкодтой, стæй райсомæй, чызг кæмæн сразы, уый афынæй ис, æмæ йæ иннæ топпæй багæрах кодта. Цæф ма ракасти. Раст уыцы афон хуры цæст дæр ферттывта, æмæ ма мæлæг лæппуйы бон бацис иу ныхас скæнын: «Хур ме’вдисæн, зæхх мæ тугисæг!» Чызг афæдз саутæ куы фæдардта, уæд æй æрхаста гадзра- хатæйцæуæг къайæмбалæн. Фæстагмæ рабæрæг ис сусæгдзи- над, æмæ ус йæ лæджы амардта, райста йæ уарзоны туг. Ацы сюжет æвæрд æрцыдис Кочысаты Розæйы драмон уацмыс «Хур ме ’вдисæн - зæхх мæ тугисæг»-ы. Ирон хæдахуыр фыссæг Гæдиаты Секъа йæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ дæр бирæ уарзта аргъæуттæ, таурæгътæ, кадджытæ, æмбисæндтæ æмæ зарджытæм хъусын æмæ йæ зæрдыл бадардта уыдоны арф хъуыдытæ. Секъа куы схъомыл, 491
фыссын куы райдыдта, уæд йæ радзырдтæн сæ сюжеттæ иста адæмон таурæгътæй (зæгъæм, «Азау», «Арагуыйы Ерыстау æлдар Нугзар», «Саударæг ус», «Куырттатаг гæды лæг» æмæ æнд.). Ацы уацмыстæн, адæмон таурæгътау, сæ сæйраг архайджытæ сты тыхджын, ныфсхаст æмæ цардбæллон, тох кæнынц фæстæзад рагон æгъдæутты ныхмæ, царды агурынц рæстдзинад æмæ уый сæраппонд тырнынц размæ. Гæдиаты Секъайæн йæ басняты æмæ йæ фылдæр æмдзæвгæты сюжеттæ дæр ист сты адæмон æмбисæндтæй. Ирон легендарон хъæбатыр Тылаттаты Черменыл адæм скодтой тохы зарæг, æлдæртты ныхмæ кæй тох кодта, мæгуыр адæмы сæрыл кæй дзырдта, уый тыххæй. Секъа уыцы зарæгыл бакуыста сфæлдыстадон æгъдауæй, æмæ дзы рауадис арфхъуыдыджын æмæ хæрзаив æмдзæвгæ. Ацы æмдзæвгæ фæллойгæнæг адæмы æхсæн уайтагъд ахæлиу æмæ сси адæмон зарæгау. Секъа йе сфæлдыстады ирон фольклорон æрмæгæй канд сюжетон æмæ тематикон æгъдауæй нæ пайда кодта, фæлæ ноджы æвзаджы хъæздыгдзинад æмæ аивадон мадзæлттæй дæр, эпитеттæй, барæнтæй, метафорæтæй. Гæдиаты Цомахъ дæр рацыдис йæ фыды фæндагыл. Адæмон таурæгътæм гæсгæ Цомахъ ныффыста йæ драмæ «Ос- Бæгъатыр». Уый у йæ зынгæдæр уацмыстæй иу. Драмæйы сæйраг архайджытæ сты фæллойгæнæг адæмы зондахастыл хæцæг, тох кæнынц уыдоны сæрыл. Кæд Ос- Бæгъатыр паддзахы хуызы æвдыст цæуы, уæддæр у адæмон хъæбатыр йе ’ппæт миниуджытæм гæсгæ дæр. Фольклоримæ баст сты Цомахъæн йе ’ннæ уацмыстæ дæр, зæгъæм, «Дыууæ дидинæджы», «Хæлуарæг æмæ мыдыбындз». Цомахъ йæ фыстыты тынг арæхстджынæй пайда кæны адæмон æмбисæндтæ æмæ æвзаджы ахорæнтæй. Зынгæ ирон поэт Малиты Георгийы сфæлдыстад дæр æнгом баст у адæмон сфæлдыстадимæ. Йæ тыхджындæр уацмыстæ сюжетон æгъдауæй ист сты ирон фольклорæй. Поэты кадджыты сæйрагдæр архайджытæм ис адæмон сфæлдыстады хъæбатырты пафос æмæ сгуыхтдзинад сæрибардзинадыл тохы 492
хъуыддаджы. Ахæм уацмыстæ сты «Темур-Алсахъ», «Мæгуыр хъомгæсы фырт Мæхæмæт», «Уæхæтæджы фырт», «Нарты симд», «Дзуле», «Дзандзирахъ». Ирон адæмы æхсæн зындгонд у «Дзандзирахъы зарæг». Уый райдайы афтæ: Ой, кæрдзинæй хъал æмæ донæйуорс, сау Къаматæ! Ой, Дзандзирахьи рæсугъд уин ци фæццæй? Къаматæ Стъонамæ ку ’рамбурд унцæ, Омиунаффитæ кæнун ку байдайунцæ, Æдта циуодзæнæй, æдта кудуодзæнæй, Дзандзирахь рæсугъд нин ци фæццæй?.. Малиты Георгийы кадæг та райдайы афтæ: Æрæмбурдæнцæ абони Æвдæймаг сабат Къаматæ, Ку æрбадунцæ тæрхони Æд лæдзгутæ, æд хъаматæ... Тумугъ бадтгæнгæ, хестæртæ Даргъ хæссунцæ сæунаффæ. Сах истунцæ и кæстæртæ, - Игъосунцæ æд гузаввæ. Дарддæр зарæг æмæ кадæджы сюжет арæзт сты æмхуызон. Сбæлвырд ис, Хъамболаты кæнгæ æфсымæр, Дзандзирахъы къухылхæцæг, Къуындзайы-фырт Артуд Хъамболатæн гæды ныхæстæ кæй фæкодта, цæмæй йæ усы рауагътаид æмæ йæ Артуд йæхицæн æрхуыдтаид. Хъамболат афтæ нæ бакодта, фæлæ Дзандзирахъы амардта æхсæвыгон хъамайæ æмæ йæ айнæгæй донмæ аппæрста... Бирæ æмхуызондзинад ис Малиты Георгийы уырыссаг æвзагыл фыст кадæг «Нарты симд» æмæ нарты эпосæй «Батырадз ус куыд ракуырдта», уыдоны æхсæн. Ирон фольклоримæ фидар уидæгтæй баст у Барахъты Ги- нойы сфæлдыстад дæр. Гино хорз зыдта ирон адæмы сфæл- дыстад: нарты, Даредзанты кадджытæ, аргъæуттæ, легендæтæ, зарджытæ æмæ æмбисæндтæ. Уыдонæн фыссæг йе сфæлды- стады пайда кодта сæ хуыздæр миниуджытæй; кадджыты 493
сæйраг архайджыты хъæбатырдзинад, се ’нæфæцудгæ хъару тыхгæнджыты ныхмæ, сæ бæллицтæ хуыздæр цардмæ. Йæхи ахуыр кодта фольклоры рæсугъд æвзагыл, пайда дзы кодта сю- жетон æгъдауæй, иста дзы аивадон мадзæлттæ, эпитеттæ, ме- тафорæтæ, барæнтæ. Гинойæн йæ хуыздæр уацмыстæ баст сты ирон адæмы фольклоримæ, зæгъæм, йæ кадджытæ æмæ æмдзæвгæтæ: «Азджериты Куыцыкк», «Уæлладжыры кадæг» (ацы дыууæ кадæджы сюжетон æгъдауæй хæстæг сты Нигеры кадæг «Æмзораты Æмзор æмæ Дзылаты рæсугъд»-мæ), «Чермен», радзырдтæ «Бæсты рæсугъд» æмæ «Тауче». Гинойæн йæ кадæг «Азджериты Куыцыкк» райдайы афтæ: Уый раджы уыд. Нæрæстæджы зæрондлæгтæ Хъуыды дæр ныруый нал кæнынц. Уæрæх Кæсæджы быдыры Азнауыртæм Куы райгуырдис æрдхæрæны Бæстырæсугъд. Йæ саурæсугъд дыууæ цæсты, раст денджызау, Фыр сатæгæй куы сæрттивынц. Йæ дæллагхъуыр раст денджызы рæсугъд хъазау, Иæ цæсгомæй стъалытæ куы ферттивынц... Сæнтсау дзыкку дывæлдахæй йæ фадхъулмæ Æрдаргъ вæййы... Кæнæ йе ’мдзæвгæ «Чызгайы зарæг» райдайы афтæ: Дари-быдæн кæйуафынц, Уый мæронæн куы уаид! Адæмсе ’ппæт кæй уарзынц, Уый мæ мойæн куы уаид! Тлатты Хох кæд бирæ литературон бынтæ нæ ныууагъта, уæддæр бæрæг у, уый дæр адæмон сфæлдыстадимæ баст кæй уыд, уый. Ирон фольклоры ис иу ахæм таурæгъ. Цардис денджызы былыл, фидары, рæсугьд сылгоймаг. Уымæ курынмæ цыдысты алыхуызон адæм - афицертæ, адвакаттæ, къупецтæ, инæлæрттæ, тæрхонылæгтæ. Фæлæ никæмæн куымдта, алкæуыл дæр сæ æвæрдта фаутæ. Æппынфæстаг æм денджызы æрбаленк кодта лодкæйы хуымæтæджы лæг, цагъар 494
чи нæ уыдис æмæ йæхи фæллойæ чи цардис, ахæм. Æрмæстдæр гъе уымæн загъта, комын дын, зæгъгæ. Ацы таурæгъмæ гæсгæ Тлатты Хох ныффыста йæ радзырд «Кæмæ æнхъæлмæ кастис нæртон рæсугъд». Фыссæг-революционер Багъæраты Созыр йæ сабийы бонтæй фæстæмæ уарзта аргъæуттæ æмæ зарджытæм хъусын, йæ зæрдыл бадардта адæмон æмбисæндтæ, æмæ фæстагмæ сæ тæваг фæзындис йе сфæлдыстадыл. Ис ахæм адæмон таурæгъ. Уазайы хохы бæрзондыл цардысты лæг æмæ ус. Лæг хуындис Уаза (уымæ гæсгæ йæ хонынц Уазайы хох дæр. Сæ мæсыгæн йæ бынат ныр дæр ма бæрæг у). Уазайæн райгуырди лæппу, йæхæдæг амард. Лæппу куы рахъомыл, уæд бауарзта Хуры чызг Хорческæйы. Чызджы фæдыл зилгæйæ, лæппу фестади бонвæрнон. Мад æм сæдæ азты æнхъæлмæ кастис æмæ фæстагмæ фырзæрондæй бартхутæг. Ацы таурæгъмæ гæсгæ Созыр ныффыста йе ’мдзæвгæ «Бонвæрнони мадæ». Иннæ таурæгъ та ахæм у: Нарт сфæнд кодтой се ’взæрты ныццæгъдын æмæ сæ цирхъытæ цыргъ кæнын райдыдтой. Кæсынц æмæ дын Сырдон дæр йæ кард цыргъ кæны. Афарстой йæ, цы ми кæныс, зæгъгæ. Уый тызмæгæй загъта: «Не ’взæрты цæгъдæм!» Уæд нæртон лæг бахудтис æмæ загъта: «Уæдæ нæм дæуæй æвзæрдæр нæй, æмæ ма уæд кæй цæгъдæм?» Ацы таурæгъмæ гæсгæ Созыр ныффыста йе ’мдзæвгæ «Нарти фæндæ». Гуйманмæ гæсгæ фыст у йе ’мдзæвгæ «Дууæ æртхуарди» дæр. Уымæй уæлдай Созыры æмдзæвгæты ис бирæ адæмон æмбисæндтæ: «Къуæтти, къуæтти, къуæзæнæг, карди комбæл дæ зæнæг». «Куресбæл зинг фæццæфстæй. Къæлмæг ходуй æ гъæбесæй», «Хæфсау мæ хъур донæйдзаг»... Ирон фольклорæн стыр аргъ кодта курдиатджын советон поэт æмæ литературовед Нигер. Уымæн дæр йæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ йæ зæрдæйы баззадысты адæмон сфæлды- стЗДы хъæбатырты обрæзтæ, сюжеттæ, аивадон мадзæлттæ æмæ æвзаджы хъæздыгдзинад. 495
Нигер бирæ æнувыд фæллой бакодта ирон фольклор æмбырд кæныныл æмæ наукон æгъдауæй сахуыр кæныныл. Бирæ бакуыста Нарты кадджытæ хицæн чиныгæй рауадзыныл. Нарты кадджыты тыххæй Нигер ныффыста цалдæр наукон куысты, уыдонæй уый æвдисы, нарты эпос ахъаззагдæр дунеон эпосты æмрæнхъ кæй лæууы, уый. «Зæххыцъарылцæрæгадæмтæмисномдзыдэпостæ,-фыста Нигер. - Уыдонæн ис æппæтдунеон ахадындзинад. Ахæмтæ сты уырыссаг адæммæ - «Ныхас Игоры полчъы тыххæй», немыцæгтæм - «Зарæг нибелунгтыл», францусæгтæм - «Зарæт Роландыл», «Зарæг Гайаватыл», финнтæм - «Калевала», хъуымыхъмæ - «Джангор», сомихмæ - «Давид Сосунци» æмæ æндæртæ. Уыдоны æмрæнхъ лæууынц Нарты кадджытæ дæр». Нигер Нарты кадджытæн уарзы сæ сæрибардзинады хъуыдытæ, сæ сæйраг архайджыты хъæбатырдзинад. Сæ алы архайæджы æнтыст дæр нымайы нæртон адæмы иумæйаг сгуыхтдзинадыл. Ирон фольклор Нитеры сфæлдыстадыл дзæвгар фæбæрæг, тынгдæр зыны йæ кадджытыл «Уæхатæджы фырт чысыл Гуйман», «Бадилон симд», «Сатай-Хан», «Æмзораты чысыл Æмзор æмæ Дзылаты рæсугъд», «Дыууæ сыхаджы æмæ дыууæ зæрватыччы», «Æндæр Хъуыбады». Ацы кадджытæн сæ сюжеттæ ист сты ирон фольклорæй. Нигеримæ Нарты кадджытæ систематизаци кæныныл, уыдонæн комментаритæ саразын æмæ рауадзыныл бирæ бакуыста зынгæ фыссæг æмæ наукон кусæг Епхиты Тæтæри дæр. Иумæ адæмон аргъаумæ гæсгæ ныффыстой иуактон комеди дæр «Æлдары фырттæ æмæ мæгуыр лæг», зæгъгæ. Дæсны фыссæг Беджызаты Чермены сфæлдыстадыл дæр фæзындис адæмон таурæгъты тæваг. Уый тынгдæр бæрæг кæны сюжетон æгъдауæй дæр æмæ æвзаджы хъæздыгдзинадæй дæр йæ чиныг «Мæсгуытæ дзурынц»-ы. Ацы чиныджы ссардзыстут хæрзаив уацмыстæ Кодзырты мыггаджы тыххæй, Слонатæ æмæ Фæрниаты, Уанелы тыххæй, зæххыты æмæ æндæр таурæгътæ, незаманон зæронд мæсгуытæ сæ зæрдыл кæй дарынц, ахæмтæ. 496
Утæппæт таурæгътæ мæсгуыты номæй ног дуджы фæ- сивæдæн фæдзырдта, цæстæй хорз чи нал уыдта, фыссын чи нæ зыдта, уыды Баймæт. Таурæгътæ куы фесты, уæд «Ба- дынц фæсивæд, æнæдзургæйæ, цæстытæ иуырдæм арæзтæй, цыма рагон царды нывтæ сæ разы кинонывыл истæй кæттагыл згъорынц»... Æмæ æцæгдæр ивгъуыд царды уæззау нывтæ бирæ æххуыс кæнынц фæсивæдæн нæ абоны амондджын цард арфдæр æмæ хуыздæр бамбарынæн... Ирон адæмон зарджытæ бирæ уарзта фыссæг Хъуылаты Созырыхъо дæр æмæ сæм æвнæлдта арæхстгай, сфæлдыстон æгъдауæй, хъахъхъæдта сын сæ хъæздыг æвзаг æмæ сæ дæсны композицион арæзт. Уымæн æвдисæн сты, зарджытæм гæсгæ цы дыууæ кадæджы ныффыста, уыдон. Æркæсæм сæм. «Тотырадзы зарæг» (адæмон) райдайы афтæ: Гъей, æмæ уæртæ хæхбæстæй иу мæгуыр лæг, Ой, зæронд лæг Берозты Тотырадз рараст и. Йæ сабиты йæ дзæкъулы куы нывæрдта, Афтæмæй куыстагур куы рацæуы, уæдæ. Созырыхъомæ: Æгуыдзæг ком —Джимара, — Гæмæх ысты йæ къултæ... Мæгуыр хæххон зæронд лæг Берозы-фырт Тотырадз Иæ сабиты нывæрдта Ыссад хæссæн дзæкъулты, Йæ комбæсты фыд цардæй Уæд цардагур фæцæуы... Бирæ бакуыста нарты кадджытæ систематизаци кæнын æмæ уыдон хицæн чиныгæй мыхуыры рауадзыныл фыссæг Брытъиаты Созырыхъо дæр. Советон фæскомцæдисон курдиатджын поэтХъамбердиаты Мысост дæр, йæ фыд Бимболат куыд загъта, афтæмæй бирæ уарзта кадджытæ æмæ таурæгътæм хъусын, æмæ уый фæзындис йæ уацмыстыл дæр, зæгъæм, йæ кадæг «Дыууæсæрон»-ыл. 32 497
Ирон советон драматург Туаты Дауиты сфæлдыстад дæр бындуронæй баст у ирон адæмы фольклоримæ. Уырдыгæй ист сты сюжетон æгъдауæй йæ пьесæтæ «Хистхортæ», «Аргъау», «Пæсæйы фæндон» æмæ æнд. Афтæ поэт Плиты Грис дæр йæ зынгæдæр уацмысты сюжеттæ райста ирон фольклорæй, зæгъæм, Грисæн йæ тратеди «Чермен», кæнæ «Иунæджы кадæг» дæр. Нæ дуджы поэттæй æмæ фысджытæй, стæмтæй йеддæмæ, нæй, ирон адæмы фольклоримæ баст кæмæн нæу йе сфæлдыстад, зæгъæм, Мамсыраты Дæбейы драмон уацмыстæ «Фæтæг-Бæгъатыр», «Бæтæйы фырттæ» æмæ æнд. Плиты Харитоны тæккæ зынгæдæр уацмыс «Уæлахизы кадæг», Бесаты Тазейы кадæг «Кизгайти Кизгай», йæ легендæтæ, Боциты Бароны фыст «Домбай æмæ цуанон», Гулуты Андрейы кадæг «Бечыр», Дарчиты Дауыты кадджытæ «Сафирæт», «Гæмæт», Цæгæраты Максимы аргъау-таурæгъ «Ацырухс», Хозиты Яковы æмдзæвгæ «Хæснаг» æмæ афтæ дарддæр. Литературæйы æмрæнхъ советон дуджы рæзы адæмон сфæлдыстад дæр. Бирæ зарджытæ арæзт æрцыдис коммунистон партийы раздзæуджытыл, уæлдайдæр та Лениныл. Зарджытæ арæзт æрцыдис коллективизацийы, Фыды- бæстæйы хæсты дуджы чи фесгуыхтис, уыдоныл дæр, стæй нæ ацы бонты хуыздæр адæмтыл. Куыд уынæм, афтæмæй адæмон сфæлдыстад рагæй нырмæ дæр баст у аив литературæимæ. Уыдон цæрынц æмæ рæзынц иумæ, æвдисынц нæ дуджы уæлахиздзинæдтæ æмæ хъæздыг кæнынц сæ кæрæдзийы тематикон æгъдауæй, аивадон амæлттæй, сюжетон æмæ æвзаджы хъæздыгдзинадæй. —<©$©>— 498
Ардасенты X. НОГ ЧИНЫГ ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪЫ ТЫХХÆЙ Гæдиаты Цомахъ стыр бынат ахсы ирон литературæйы историйы. Уæрæсейы революцийы азты уый йæ революцион æмдзæвгæты сидти фæллойгæнæг адæммæ сæрибары сæрыл тохмæ. Йæ публицистикæ уыди йæ революцион тохы хæцæнгарз. Поэт, публицист, революционер, уыимæ диссаджы хорз радзырдтæ æмæ драмон уацмысты автор, дæсны тæлмацгæнæг, ирон литературæйы проблемæтыл, ирон фысджыты цард æмæ сфæлдыстадыл фыццагдæр йæ бæрнон ныхас чи загъта, уый. Гъе, ахæмæй зонынц ирон адæм Цомахъы. Фæлæ ныронг уый цард æмæ сфæлдыстады тыххæй цыбыр статьятæй æндæр ницы уыдис. Бæстон æмæ бæлвырд равдисын хъуыд поэты цард, йе сфæлдыстад. Уыцы стыр æмæ ахсджиаг хæс йæхимæ райста Цхуырбаты Людмилæ, æрыгон ахуыргонд. Уый уырыссагау ныффыста æмæ мыхуыры рауагъта стыр монографион куыст Цомахъы тыххæй. Цхуырбаты Людмилæйы чиныджы ис цыппар сæргонды. Автор бæстон дзуры фыссæджы цардыл æмæ куыстыл йæ сабийы бонтæй йæ амæлæты онг. Цомахъ райгуырд мæгуыр хæххон бинонты æхсæн. Уый федта мæгуыр адæмы тыхст æмæ æфхæрд цард, сæ рис сын йæ зæрдæмæ райста, æмæ уыдоны бартæ хъахъхъæнын ссис йæ царды ахсджиагдæр хъуыддаг. Бирæ документтæм гæсгæ автор бæстон æвдисы Цомахъы цард, йæ хъуыдытæ æмæ бæллицтæ, йæ зондахаст куыд рæзыд æмæ куыд фидар кодта, уый. Саби ма уыд, афтæ Цомахъ йæ зæрдæмæ арф айста адæмон сфæлдыстад, аив литературæ - ахæм хатдзæг кæны Цхуырбаты Людмилæ йæ монографийы. Цомахъы æфсымæртæй иуы мысинæттæм гæсгæ Цхуырбиан фыссы: Секъа йæ цотæй йæ хъус уæлдай тынгдæр дардта Цомахъмæ, арæх æй йемæ кодта цуаны, хуыдта йæ æмбырдтæм, ныхасмæ. Уым фидæны фыссæг хъуыста кадæггæнджытæм, 499
зарджытæм, фæндырдзæгъдджытæм æмæ аргъаугæнджытæм, историон таурæгътæм. Æвзыгъд сабийы зæрдæйы æнусмæ баззадысты нарты хъæбатыртæ, Ос-Бæгъатыры обрæз. Уый тыххæй сыл фыста фæстæдæр, куы рахъомыл ис, уæд афтæ æнувыдæй. Фæлæ кæд Цомахъ ирон адæмон сфæлдыстад æмæ литературæ бауарзта йæ мады æхсыримæ, йæ сабийы бонты, уæд зынгæ фыссæг æмæ революционер кусæг та ссис уырыссаг прогрессивон кулыурæйы фæрцы. Людмилæ ацы хъуыды æвдисы бæстон. Уый раст фыссы, Цомахъыл уырыссаг культурæйы хорз тæваг фæзынди Джызæлы скъолайы ахуыр кæнгæйæ дæр, Стъараполы семинары æмæ Юрьевы университеты ахуыр кæнгæйæ дæр. Монографийы автор амоны, Цомахъ литературон куыст кæнын дæр райдыдта Стъараполы ахуыр кæнгæйæ, зæгъгæ (15 фарс). Стыр уыдис, зæгъы автор, газет «Северный Кавказ»-ы ахадындзинад дæр. Зындгонд у, уыцы газетты Къоста бирæ рæстæг активонæй кæй фæкуыста, кæй дзы мыхуыр кодта йæ ахсджиаг æхсæнадон политикон уацмыстæ. Уыцы газеты бирæ статьятæ мыхуыргонд уыди уырыссаг фысджыты тыххæй. Уыдон дзыллæтæн æмбарын кодтой уырыссаг прогрессивон литературæйы стыр ахадын. Уыцы статьятæ, зæгъы монографийы автор, Цомахъы зæрдæйы гуырын кодтой уырыссаг литературæ æмæ фысджытæм уарзондзинад. «Æхсæз азы Стъараполы кæй фæцахуыр кодта Цомахъ, уыдон йæ цардыл тынг фæзындысты. Ам бындур æрæвæрдта æмæ фидар кæнын байдыдта фидæны фыссæг æмæ зынгæ æхсæнадон-революцион кусæджы зондахаст», - ахæм раст хатдзæг скодта Цхуырбиан йæ чиныджы (19 фарс). Ноджы тынгдæр фæзынд поэты цардыл Юрьевы университет. Ам ноджы арфдæр сахуыр кодта Цомахъ уырыссаг фысджыты хъæздыг бынтæ, фыссы манографийы автор. Бæлвырд бæрæггæнæнтæм гæсгæ æвдыст цæуы Цомахъы революцион куыст Юрьевы горæты, студентты æхсæн. Хуга Рейман - Цомахъимæ иу рæстæг университеты чи ахуыр кодта, уый - йæ мысинæгты фыссы, Цомахъ тынг 500
дæсны уыд ныхас кæнынмæ, уый амидин кодта студентты забастовкæтæ æмæ демонстрацитæ аразынмæ, зæгъгæ. Цомахъ революцион куыст кодта Ирыстоны дæр. 1906 азы уый ныммыхуыр кодта уырыссагау статья «Ирон интеллигенцимæ». Уыцы статьяйы автор сидти революцион интеллигенцимæ: «Иумæ æрбамбырд уæм, æрлæууæм, нырма талынг, мæгуыр æмæ æфхæрд чи у, уыцы дзыллæйы разæй æмæ йын йæ тох саразæм раст фæндагыл, исты дзы куыд рауайа, афтæ» (30 фарс). 1906 азы Цомахъ тынг бакуыста ирон æвзагыл газет рауадзыныл. Монографийы автор йæ хъуыдытæ бафидар кæны документтæй. Мæнæ уыцы рæстæджы тыххæй Цомахъы писмотæй иу. Цомахъ фыссы, фæстæдæр йæ царды æмбал чи сси, уыцы уырыссаг чызг Наталья Ионовнæмæ: «В настоящее время душа вся ушла в осетинскую газету, где я чуть не дохожу до высшей степени напряжения интеллектуальных и физических сил» (34 фарс). «Ирон газет»-ы Цомахъ ныммыхуыр кодта иукъорд статьяйы ирон адæмы зын царды фæдыл. Уыцы газеты фыццаг номыры мыхуыргонд ис уац «Хуссар Ирыстонæй», йæ быны фæсномыгæй фыст ис «Фæсхохаг». Ахæм фæсномыгæй цалдæр уацы ныффыста Гæдиаты Секъа. Фæлæ ацы уац кæй фыст у? Секъайы æви Цомахъы? Иуæй- иу литературоведтæ йæ хонынц Секъайы фыст. Цхуырбаты Людмилæ та афтæ зæгъы, Цомахъы фыст у Æмæ, æцæгдæр, йæ политикон цыргъдзинад æмæ дæсны фыстмæ гæсгæ Цомахъы стилмæ хæстæгдæр у. Кæд æрмæг Секъа рарвыста, уæддæр æм æнæмæнг фæхæццæ Цомахъы къух. Уæрæсейы фыццаг революиийы азты Цомахъ зæрдиагæй куыста газеттæ «Терек» æмæ «Ног цард»-ы. «Ног цард»-ы уый ныммыхуыр кодта иукъорд лирикон æмдзæвгæйы, сæ революцион тохы пафос тыхджын кæмæн уыд, ахæмтæ. Бирæ бæрæггæнæнтæ хæссы Людмилæ йæ монографийы Цомахъы царды æмæ куысты тыххæй, æмæ уый хорз у Фæлæ хатгай йæ хатдзæгтæ иуыл раст æмæ уырнинаг нæ вæййынц, вæййы нæм ныхмæдзинæдтæ. Зæгъæм, автор куыд фыссы, афтæмæй Цомахъ тынг 501
бацархайдта дыккаг ирон газет «Ног цард» рауадзыныл. «Ног цард» рацыд 1907 азы 8 мартъийы. Цомахъ та 1906 азы фæззæджы Эстонимæ ацыди. Уырдыгæй йæ бон уыд æрмæст идейон разамынд дæттын, æмæ уыцы хуызы дзурын хъуыд Цомахъы архайдыл. Людмилæ фыссы: «Газет рацæуынæн æххуыс кодтой революцион демократтæ», - зæгъгæ, æмæ уыцы къордимæ ранымадта Цхуырбаты Тадиоз, Гæдиаты Секъа, Брытъиаты Елбыздыхъо, Гулуты Андрей, Собиты Инал æмæ æндæрты (35 фарс). Адон, кæй зæгъын æй хъæуы, иу зондыл хæст нæ уыдысты, се’ппæт революцион-демократтæ нæ уыдысты. Автор раст æвдисы Цомахъы æрцахст, йæ тæрхоны процесс, йæ хъизæмардзинæдтæ ахæстоны азмæ Сыбыры. Фæлæ цыфæнды зынтæ æмæ тухитæ дæр нæ тæрсын кодтой Цомахъы. Уый тыххæй Людмилæ фыссы: «Пересматривая письма Михаила Юрьевича, удивляешься обширному кругу его интересов, его трудолюбию, энергии и той настойчивости, с какой он там, «в стране отверженных» работал над повышением своих научных, литературных и политических знаний» (56 фарс). Цы мæгуыр капеччытæ йæм æфтыд фыдтухитæй, уыдон хардз кодта газеттыл, журналтыл æмæ чингуытыл. Ахуыр кодта уырыссаг литературæйы классикты, фыста радзырдтæ, статьятæ; кодта ахуыргæнæджы куыст. Хорз æвдыст цæуы Цомахъы цард граждайнаг хæсты фæдисы бонты. Цомахъ кæддæриддæр хæцыд коммунистон партийы фарс, кæд йæ рæнхъытæм 1919 азы бацыди, уæддæр. Фæскавказы ма меньшевиктæ куы кодтой хицауиуæг, уæд Цомахъ цæхгæр фыста гуырдзиаг меныыевикты, армайнаг дашнакты, азербайджайнаг бекты ныхмæ, тох кодта Советон хицауад æрфидар кæныныл. «Æрмæст Тифлисы, Бакуйы, Ереваны галуанты сæрмæ уынгæг национ, тугхуыз- шовинистон æмæ буржуазон тырысаты бæсты куы сæрттива социалон революцийы иунæг сырх тырыса, уæд сулæфдзысты сæрибарæй Фæскавказы кусджытæ æмæ зæхкусджытæ, æрмæст уæд бакæсдзысты кæрæдзийы цæстытæм уæндон æмæ 502
æргомæй Фæскавказы нацитæ, уæд ратдзысты кæрæдзимæ æфсымæрон къухтæ» (77 фарс). Йæ монографийы фыццаг сæры кæрон автор дзуры Цомахъы литературоведон куыстыты тыххæй, йæ уацмысты æмбырдгæндты тыххæй, йæ ахадындзинадыл. Дыккаг сæргонды æвзæрст цæуы Цомахъы сфæлдыстад Октябры революцийы агъоммæ. Цхуырбаты Людмилæ Цомахъы сфæлдыстады райдайæн нымайы 1898 азæй. Уыцы рæстæгмæ хаст цæуынц æмдзæвгæтæ «Одиночество старика», «Тоска» æмæ «У моря». Адон сты уырыссагау фыст. Æнæмæнг ацы уацмыстыл дзурын хъæуы, фæлæ сæ ахадын Людмилæмæ куыд стыр кæсы, махмæ афтæ нæ кæсы. Ацы æмдзæвгæтæ æвзаргæйæ, автор æрцæуы, бæрæг бæлвырд чи нæу, ахæм хатдзæгтæм, уæлдайдæр уырыссаг литературæйы декадентад æмæ символизмыл дзургæйæ (кæс 89, 90 фæрстæ). Цомахъыæцæгсфæлдыстадрайдыдта 1905 азыреволюцийы рæстæг. Уымæн йæ поэзийы характерыл тынг фæзындысты Уæрæсейы фыццаг революцийы миниуджытæ. Раст анализ кæны монографийы, автор Цомахъ фыццаг революцийы рæстæг цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон; раст сын агуры сæ уидæгтæ уырыссаг революцион поэзийы уидæгтимæ. Æрмæст, махмæ гæсгæ, хуыздæр уыдаид, автор ацы ран куы нæ агурид æмхуызон рæнхъытæ, æмхуызон хъуыдытæ æмæ мотивтæ, фæлæ куы дзурид традицитыл, уæд. Афтæ, хуыздæр уыдаид Къостайы поэзийы традицитыл дзурын дæр, хицæн æмдзæвгæты æнгæсдзинæдтæ агурыны бæсты. Людмилæйæн йæ цæстмæ бадарæн ис, Цомахъы революцион поэзи анализ кæнгæйæ, аивадон мадзæлттæм йæ хъус фаг кæй нæ дары, йæ аивадон хицæн миниуджытæ йын кæй нæ бæрæг кæны, уый. Цхуырбианы чиныджы сæйраг темæ, у Цомахъы сфæлдыстад уырыссаг литературæимæ куыд баст у, уый рабæрæг кæнын. Уыцы бастдзинад автор бæстон æвзары йæ чиныджы иннæ хæйтты дæр. Цомахъ йæ радзырдты, «Фузæ», «Бон æмæ æхсæв» æмæ æндæрты æвæры, уырыссаг литературæйы «знаньевецтæ» сæ уацмысты цы идейон- 503
эстетикон проблемæтæ æвæрдтой, ахæм проблемæтæ. Уыцы уацмысты судзгæ арт арæзт у адæмы сафæг æмæ адæмы зæрдæтæ халæг хæдхæцæг паддзахы системæйы ныхмæ, сылгоймаджы æмæ ахуыргæнæг фæсивæды æбар æмæ æгад уавæры ныхмæ, - фыссы Цхуырбиан (125 фарс). Дыккаг сæры 4-æм дæлхайы автор сæрмагонд æвзары Цомæхъы реакцийы рæстæг фыст æмдзæвгæтæ. Уыдон, æмтгæй зæгъгæйæ, цæуынц раст æвзæрст, кæд формулировкæтæ æдзух бынтон бæлвырд æмæ раст нæ вæййынц, уæддæр. 137 фарсыл автор раст фыссы: Цомахъ 1907-1910 азты реализмы принциптæй æмæ йе сфæлдыстады проблематикæйæ иуварс нæ ахызт, зæгъгæ. Чысыл дæлдæр та афтæ зæгъы: æппæтадæмон зæрдæсастдзинады тæваг æм фæхæццæ ис. Рæстдзинад æвдисæг ахæм хъуыды у, æмæ кæд Цомахъы хицæн уацмыстæм фæхæццæ æнкъарддзинад, уæддæр æй уырныдта, кусджытæ æмæ зæхкусджытæ кæй фæуæлахиз уыдзысты, уый. Æмдзæвгæтæ анализ кæнгæйæ, монографийы автор нæ хицæн кæны поэты хъуыдытæ йæ лирикон геройы хъуыдытæй, лирикон геройы хъуыдытæ æмæ бæллицтæ банымайы поэты хъуыдытыл. Махмæ уый иудадзыг раст нæ кæсы. Монографийы æртыккаг сæргонды æвзæрст цæуынц советон дуджы фыст уацмыстæ. «Советон дуджы цы уацмыстæ ныффыста Цомахъ, уыдоныл фæзынди уырыссаг стыр литературæйы тæваг, - фыссы Цхуырбаты Людмилæ. - Уый æмæ, - зæгъы автор, - Ирыстон цы историон уавæрты рæзыд, уыдон тынг фæбæрæг сты Цомахъы сфæлдыстадыл: йе ’взагыл, йæ тематикæйыл æмæ йæ обрæзты системæйыл». Цхуырбаты Людмилæйы куысты хорз миниуджытæй иу уый у, æмæ цы æрмæг æвзары, уымæ критикон цæстæй кæй кæсы. Уый фыссы: поэт Октябры революци æмæ ног эрæйы райдайæныл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæн бæлвырд конкретон ахаст нæ уыд. Поэт цыма ныр дæр 1905 азы традицитыл хæцыд йæ поэтикон сфæлдыстады, афтæ зынди; 504
бынтон æндæр фæзындтытæ æмæ цаутæ æвдисгæйæ дæр пайда кодта раздæры аивадон мадзæлттæй (150 фарс). Авторы хорз куыстыл банымайæн ис, Цомахъы уацмыстæй бирæты датæтæ кæй сбæрæг кодта, уый. Советон хицаудзинады рæстæг цы æмдзæвгæтæ ныффыста Цомахъ, уыдон иууылдæр бæстон анализгонд цæуынц монографийы. Æрмæст хъыгаг у, ам дæр, иуæй-иу æмдзæвгæтæ анализ кæнгæйæ, автор йæ хъус фаг кæй нæ дары аивадон мадзæлттæм, уый. Фадат нæй сæргæндтыл æмæ дæлхайгæндтыл се ’гасыл бæстон дзурынæн, æмæ, чи зоны, уый хъæугæ дæр нæ кæны. Монгорафийы бæстон анализгонд цæуынц, ирон адæмы ивгъуыд цардимæ баст чи у, уыцы уацмыстæ. Ахæмтæ сты прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ: «Хæлуарæг æмæ мыдыбындз», «Дыууæ дидинæджы», «Цæмæн уарзын мæ Фыдыбæстæ», радзырд «Царды уæз» æмæ æндæртæ. Хорз æвдыст цæуы «Амондмæ цæуджытæ», зæгъгæ, Цомахъы драмæйы истори. Драмæйæн стыр аргъ кæнгæйæ, æвдыст цæуынц йæ лæмæгъдзинæдтæ дæр. Уыдон сты схематизм æмæ риторикондзинад, архайды сабыр цыд. Уыцы лæмæгъдзинæдты тыххæй, - фыссы автор, - драмæ фаг рæвдз нæу сценæйы æвæрынмæ. Цомахъы бон нæ баци йæ сæйраг геройы обрæз фаг раргом кæнын. Фæлæ ацы драмæ у, - зæгъы дарддæр Цхуырбаты Людмилæ, - ирон фыццаг пьесæтæй иу, царды цаутæ се ’цæг хуызы æвдыст кæм цæуынц, мæгуыр зæхкусджыты тох сæ амонды сæраппонд раст æвдыст кæм цæуы. Уый у драмæйы хорз миниуæг. Ацы драмæ анализ кæнгæйæ дæр автор хæцы йæ иугæндзон принциптыл - уацмысæн аргъ кæны советон литературæйы рæзтимæ фидар бастæй. Советон литературæйы иумæйаг рæзты бындурыл аргъонд Цæуы Цомахъы хуыздæр уацмыс «Фыдæлты намыс»-æн дæр. Монографийы стыр бынат лæвæрд цæуы Цомахъы историон драмæ «Ос-Бæгъатыр»-ы анализæн. Автор дискусси кæны, иннæ ирон критиктæй ацы уацмысы тыххæй чи фыста, Уьщонимæ æмæ æрцæуы раст хатдзæгтæм. 505
Махмæ раст кæсы, Людмилæ драмæйы сæйраг герой Ос- Бæгъатыры амардæн куыд аргъ кæны, уый (297 фарс). Фæстаг сæргонды Людмилæ æвзары Цомахъы тæлмацгонд уацмыстæ. Монографийы хорз æвдыст цæуы Цомахъы ахадындзинад уырыссаг революцион демократты идейæты пропагандæ кæныны хъуыддаджы. Цомахъ хасты æвзæр уавæрты дæр диссаджы дзæбæх статьятæ æмæ лекцитæ фыста Белинский, Добролюбов, Герцен æмæ æндæртыл. Монографийы уæлдай хуыздæр анализгонд цæуы Цомахъы статья «Искандер-Герцен» (мыхуыргонд уыд 1912 азы «Голос Сибири», зæгъгæ, уым). Ацы сæргонды хорз æвдыст цæуы - ирон фыссæг Цомахъ куыд арф уидæгтæй баст уыд уырыссаг литературæимæ, куыд тынг уарзта уырыссаг фысджыты, уыцы хъуыды. Цомахъ уырыссагау цы литературон-критикон статьятæ ныффыста, уыдон фаг анализ кæнгæйæ, бæрæг нæу, моногра- фийы автор Цомахъы ирон литературоведон статьятæм лæм- бынæт цæуылнæ æркасти æмæ сæ цæуылнæ равзæрста, уыцы хъуыддаг. Афтæмæй, махмæ гæсгæ, уыцы статьяты ахадын стыр у Цомахъы сфæлдыстады, нæ литературæйы. Цхуырбаты Людмилæйы фыст монографи тынг феххуыс уыдзæн литературæйы ахуыргæнджытæн, ирон филологон факультетты студенттæн, фысджытæн æмæ литературоведтæн. Фæлæ цы чиныджы кой кæнæм, уый æнæ хъуæгтæ æмæ сахъæттæ нæу. Уыдонæй мах иуты тыххæй дзырдтам, хицæн сæргæндтæ æвзаргæйæ. Ам ма бафиппаинаг стæм: афтæ зыны, цыма чиныг мыхуыргонд æрцыди тагъд-тагъд, нæ йыл зыны редакторы къухвæд. Уый нæ, фæлæ ма чиныджы бирæ ис типографон сахъæттæ: иуæй-иу дзырдтæ æмæ фразæтæ раст мыхуыргонд не сты, ис дзы орфографион æмæ пунктуацион рæдыдтæ дæр. Ацы рæдыдтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, чиныг фыдынддæр кæнынц, фæлæ уыдонæй хъыгагдæр сты литературоведон хъуагдзинæдтæ. Уыдонæй, махмæ гæсгæ, стырдæр уый у, автор аивадон фæрæзты анализмæ йæ хъус фаг кæй нæ дары. Хицæн хъуаг- дзинæдтыл банымайæн ис мæнæ ахæм бынæттæ: 506
Автор раст зæгъы, Цомахъы фыд Секъайыл гуырдзиаг литературæйы тæваг фæзынди, зæгъгæ. Фæлæ, махмæ гæсгæ, уыцы проблемæ автор раст нæ лыг кæны. Уый фыссы афтæ (зæгъдзыстæм æй уырыссагау): «А. Казбеги раскрыл перед ним (ома Секъайæн) специфические особенности горцев: их нравы, обычаи» (10 фарс). Ау, Секъа йæхæдæг хæххон лæг куы уыд, хæххон адæмы æхсæн куы царди, уæд сын нæ зыдта се ’гъдæуттæ, сæ цард æмæ йын уыдон спецификæ æргом кæнын хъуыди? Æндæр исты хуызы фæзындаид Секъайыл Хъазбегийы сфæлдыстады тæваг. Махмæ гæсгæ, монографийы автор æнæхъуаджы æгæр стыр кæны Стъарапол æмæ Юрьевы культурон ахадындзинад. Автор æнæхъуаджы æрхæссы, Юрьевы университеты XIX райдайæны каст чи фæци, ахæмты нæмттæ дæр, афтæмæй уыдон Цомахъмæ ницы бар фæдарынц. Монографийы аирвæзт стилистикон рæдыдтытæ æмæ, æцæгæй раст чи нæу, ахæм хъуыдыйæдтæ дæр. Зæгъæм: «Стихотворение «Цей», где он болел в течение месяца» (?) «Цомак первый создал жанр прозы в стихах» (?) «Наполовину он успел написать историю осетинской литературы» (ирон литературæ æмбисы онг нæ ныффыста, æрмæстдæр æм уыд план-конспект). «Вернувшись после Октябрьской революции на родину» (раст нæу, Цомахъ Ирыстонмæ æрбаздæхт Октябры революцийæ раздæр, Февралы революцийы фæстæ). Хуыздæр уыдаид, автор йæ монографийы куы бакодтаид разныхас (введение) æмæ кæронбæттæн ныхас, уæд. Ахъуыдыйаг уыди монографийæн йæ сæргонд дæр, раст нæу уырыссагау. Кæд хицæн хъуагдзинæдтæ ис Цхуырбаты Людмилæйы чиныджы, уæддæр, куыд эагътам, афтæ уымæн ирон литературоведенийы йæ ахадындзинад у стыр, нæ зынгæ фыссæг Цомахъы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй ныронг ахæм бæстон куыст нæма уыд. Ацы монографи æхсызгонæн бакæсдзысты, ирон литературæ чи уарзы, канд уыдон нæ, фæлæ иннæ адæмты минæвæрттæ дæр, уымæн æмæ монографи 507
канд Цомахъы цард æмæ сфæлдыстадыл фыст нæу. Уым æвдыст цæуы, ирон фыссæг уырыссаг литературæимæ куыд æнгом баст уыд æмæ йыл уырыссаг культурæ хорзырдæм куыд фæзынд, уыцы проблемæ. Уыцы проблемæ та агайы бирæ литераторты зæрдæтæ, уый у, йæ ахадын ирон литературæйæ дарддæр кæмæн æнхьæвзы, ахæм проблемæ. Мах уырны: автор ма йæ монографимæ куы æркæса, куы йæм базила, куы йæ фæцыбыртæ кæна, уæд ногæй рауадзыны аккаг уыдзæн, канд ирон чиныгкæсджытæн нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы чиныгкæсджытæн дæр. —<©$©>- 508
Мæхамæтты Ахуырбег ÆВЗЫГЪД ФÆСИВÆД Автобусы сбадтыстæм Алагиры. Мæ рахизфарс рудзынгмæ хæстæг бынат æрцахста ацæргæ сылгоймаг. Уымæн йæ уæрджытыл æвæрд уыди стыр тæбæгъ, урс салфеткæйæ баст, йæ разы та - стыр авджы дзаг бæгæны. Сылгоймаг цавæрдæр цины фæдыл кæй цыд, уый алчидæр рахатыдаид. - Бахатыр кæн, нæ мадыхай, - сдзырдтон æм. - Ды дæр Уæллаг Зджыдмæ цæуыс? - О, Уæллаг Зджыдмæ, - дзуапп радта сылгоймаг. - Нæ сыхæгты лæппу уым кусы. Æрæджы стыр хæрзиуæг райста, æмæ йæ, зæгъын, абæрæг кæнон... Æвæццæгæн, сылгоймаг бамбæрста, йæ фысымы базонын мæ тынг кæй фæндыдис, уый, æмæ мын загьта: - Нæ йæ зоныс, миййаг?.. Хъуыссæтæй, Барис... Зындгонд у уыцы адæймаджы ном. Канд шахтертæ дзы не сты сæрыстыр. Барисы æнтыстдзинæдтæй сæ синысæрыл хæцынц Ирыстоны фæсивæд, алкæй дæр сæ фæнды уый хуызæн кусын. - Уæдæ иу ранмæ цæуæм, - загътон сылгоймагæн. Цымæ куыд кусы Хъуыссæйы-фырты бригад? Цы йæм ис ногæй? Уыцы хъуыдытимæ араст дæн шахтæмæ. Адæймаг штольнямæ куыддæр бахæццæ уа, афтæ фемдзаст вæййы дæргъæй-дæргъмæ уагъд сырх хъуымацмæ. Ууыл стыр дамгъæтæй фыст ис: «Кад æмæ намыс, хицауадон хæрзиуджытæ чи райста, уыцы зджыдаг маяктæ Кæсойты Валодя, Хъуыссæты Барис æмæ Григорий Евтушенкойæн! Зынаргъ æмбæлттæ, фæзмутуыдоны!» Æппæты разæй поселочы сæмбæлдтæн Зджыды æрзæткъахæны фæскомцæдисон организацийы секретарь Насхъидаты Василийыл. -Садоны æрзæткъахæнты управленийы коллективты æхсæн Зджыды шахтертæ ахсынц фыццаг бынат, - загъта Василий. 509
- Мæнæ дын уымæн иу æвдисæн. Æрæджы Къæбысты Левы участочы Владимир Аксеновы сменæйы уæнгтæ иу бонмæ сæххæст кодтой æртæ нормæйы. Фæлæ уæддæр разæй цæуы Хъуыссæты Барисы бригад. Куыд кусынц, уый дæхæдæг фендзынæ... Горизонты æрттивынц электрон цырæгътæ. Æппынæдзух хъуысы вентиляторты гуыв-гуыв. Донцæуæн трубатæй ранæй-рæтты хæлхæл кæнынц чысыл цыхцырджытæ. Куы иу ранæй, куы иннæ ранæй æрбайхъуысы перфораторты уынæр. Сабыргай цæуынц электропоездтæ. Иуырдæм æрзæтæй дзагæй. Иннæрдæм - афтидæй. Горизонты цы иугай адæймæгтæ фæзыны, уыдон иуварс алæууынц, фæндаг раттынц электропоездтæн. Дардæй кæцæйдæр мæ хъус æрцахста хъæлдзæг зарын. Диссаг у: арф хæхты бын кæйдæр зæрдæ зарын æрцагуырдта! Уыцы зарæг арæх фæзæлы шахтерты клубты. Иууылдæр æй бирæ уарзынц. Бахæццæ дæн, зарæг кæцæй хъуысти, уырдæм. - Хъуыссæты Барис, - загъта бæрзондгомау лæппу, йæхæдæг мæм йæ къух æрбадардта. Уæддæр иу шахтер - Николай Климок - йæ перфораторæй гæрста хохы риу æмæ зарыдис. Ныр æнцон базонæн уыдис, чысыл раздæр шахтерты зарæг Николай кæй кодта, уый. - Артистæй уæлдай нæу. Зарын æмæ кафын бирæ уарзы, - загъта Хъуыссæйы-фырт. - Æмæ цы! Заргæйæ кусын æнцондæр у, - уæдмæ йæ перфоратор зылд фæцис Климок æмæ нæм хæстæгдæр æрбацыд. Барисæй ракуырдтон, цæмæй мын радзырдтаид йæхи æмæ йе ’мбæлтты куысты тыххæй. - Æмæ дын цы зæгъон? Кусæм... - райдыдта бригадир. Райдыдта, фæлæ æндæр ницы загъта. Барис нæ уарзы йæхи æмæ йæ бригады уæнгты тыххæй дзурын. Уæвгæ та ис, уыдоны тыххæй цы радзырдæуа, уый. 1958 аз. Фæззæг. Советон Цæдисыл айхъуысти: Мæскуыйы 510
æфсæнвæндаджы кусджытæ райдыдтой коммунистон сЬæллойы коллективы кадджын ном райсыныл тох. Столицæйаг æфсæнвæндаджы кусджытæ цы тырыса систой, уый бын æрлæууыдысты Ирыстоны сæдæгай фæллойгæнæг лæппутæ æмæ чызджытæ. Зынгзæрдæ лæппу Хъуыссæйы-фырт иуварсæй куыд кастаид ахæм ахсджиаг хъуыддагмæ! Хъуыссæты Барисы бригад рапарахат кодта ерыс коммунистон фæллойы коллективы ном райсыныл. Бригады уæнгтæ сæ зæрдæтæм арф райстой цытджын Ленины ныхæстæ: «Мах æрцæудзыстæм коммунистон фæллойы уæлахизмæ». Æмæ йæм æрцыдысты. Садонгомы шахтерты коллективтæй кадджын нæмттæ кæмæн радгой, уыдонæй иу уыдис Хъуыссæты Барисы бригад. Уый уыд æвдисæн бригады уæнгты æнувыд куыстæн, сæ æхсæнадон куыст æмæ царды уагæн. 1959 аз. Советон адæм базонгæ сты хъуымацуафæг Валентинæ Гагановайы хорз хъæппæрисдзинадимæ. «Мах цæуæм разæй, - хъуыды кодта Хъуыссæйы-фырт. - Фæлæ нæ фарсмæ кусы, нырма æнтыстдзинæдтæ чи нæма æвдисы, ахæм бригæдтæ. Цымæ уыдонæн размæ ракæнæн нæй?» Уыцы хъуыдытæ радзырдта æрзæткъахæны разамонджытæн, загъта сын, фæстæзад бригад райсынмæ кæй хъавы, уый. Уыдон æхсызгонæй сразы сты лæппуйы фæндоныл. Хъуыссæйы-фырт æрлæууыдис ног бригады сæргъы. Йæ зæрдæ дзы ницæмæй барухс: æвзæр уыдис бригады уæнгты æгъдау, сæ куыстмæ кастысты куыдфæндыйы цæстæй. Алчи Дæр сæ хъуыды кодта афтæ: «Кусдзынæн, мæй дыууæ хатты мызд исдзынæн, æндæр мæ никæимæ ницы хъуыддаг ис». Фæлæ Барисы зæрдæмæ нæ цыдис уыцы уаг. «Иухуызон хорз хъуамæ уой нæ куыст, нæ бæллицтæ, нæ хъуыдытæ!» - арæх сын дзырдта бригадир. Æмæ райдыдтой раззагдæрты фæзмын, хуыздæр кусын. Уымæй размæ дæсныдзинад кæмæ нæ уыдэ уыдон бавнæлдтой ахуыр кæнынмæ. Садоны æрзæткъахæнты управлени цалдæр адæймаджы кУьюты ног мадзæлттæ сахуыр кæныны тыххæй арвыста 511
Приморьейы крайы Хрустальскы комбинатмæ. Делегациимæ уыдис Хъуыссæйы-фырт дæр. Уырдыгæй фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд йе ’мбал Кæсойты Валодяимæ бавнæлдтой уыдоны куысты мадзалæй пайда кæнынмæ. Уæдæй нырмæ бригад сси комплексон. Бригады уæнгтæй алчидæр арæхсы, шахтæйы цы куыстытæ ис, уыдон æххæст кæнынмæ. 1961 аз. 12-æм апрель. Советон адæймат нау-спутникыл дзæбæхæй æрыздæхт уæлæрвтæм балцæй. Уыцы ахсджиаг цауы фæдыл æрзæткъахæны шахтертæн уыдис иумæйаг æмбырд. Уым Хъуыссæты Барисы бригадæн радтой фыццаг космонавт, Советон Цæдисы Герой Юрий Алексеевич Гагарины ном. Уыцы хъуыддаг стыр разæнгарддзинад сæвзæрын кодта бригады æппæт уæнгтæм дæр æмæ сæхимæ райстой ног, стырдæр хæстæ. Гагарины ном куы райста бригад, уый фæстæ мæй бригад пъланæй уæлæмæ æрзæт скъахта 300 кубометры, июны пълан та сæххæст кодта фынддæс кусгæ бонмæ æмæ дарддæр кусын райдыдта, æрзæт зындæр къахæн кæм у, ахæм бынаты... Æппæт уыдæттæ базыдтон шахтæйы, Хъуыссæйы-фырты бригады уæнгтимæ ныхас кæнгæйæ. Сменæ куы фæцис, уæд иумæ рацыдыстæм. Уый уыд изæрдалынгты. Сæрдыгон рог хæххон дымгæ стыр æхсызгондзинад лæвæрдта шахтертæн, рæвдыдта сын сæ хидæйдзаг цæсгæмттæ. Фæстагмæ Хъуыссæйы фыртæн радзырдтон, фæндагыл кæимæ сæмбæлдтæн, уыцы сылгоймаджы хабар. - Хъусут, лæппутæ, нæ хæдзары мæм уазæг æнхъæлмæ кæсы, - загъта бригадир. - Нæ сыхæгтæй чидæр хуын æрбахаста æмæ сахаты фæстæ хъуамæ уе ’ппæт дæр сæмбæлат мæ фатеры. - Уайтагъддæр æй зыдтон, - загъта Хуыбылты Петро, æмæ лæппутæ ныххудтысты. , * * * Мæскуыйы Кремлы Съездты галуанмæ нæ партийы хуыздæр минæвæрттæ æмбырд кæнын куы райдыдтой, уæд 512
Садоны шахтертæ нымадтой сæ куысты æнтыстдзинагдтæ. фесгуыхтысты зджыдæгтæ дæр. Хицæн бригæдтæ æмæ сменæтæ фехъусын кодтой: - Уарзон парти, дæ цытджын XXII съезды бонмæ сæххæст нæ авдазоны æртыккаг азы пълан! Уыдонимæ уыдис Хъуыссæты Барисы бригад дæр. Уый афæдзы пълан куы сæххæст кодта, уæд бригадир бацагуырдта зындгонд шахтер Георгий Евтушенкойы æмæ йын загъта: - Ды цæуыс партийы æвзаргæ уæнгты стыр æмбырдмæ. Баддзынæ Съездты галуаны æмæ хъæлæс кæндзынæ нæ диссаджы сомбон саразыны Программæйыл. Уый хорз у. Фæндараст фæу Мæскуымæ. Фæлæ цæй æмæ дæ бригадимæ Съезды бонты бакусæм ерысæй. - Разы дæн! ~ загъта Евтушенко æмæ йæ къух радта Барисмæ. Дыууæ шахтеры дæрзæг къухтæ цасдæр рæстæг сæ кæрæдзийæ нал фæхицæн сты... Иу райсом Хъуыссæйы-фырт райста писмо. Фыста йæм Георгий Евтушенко. «Зынаргъ Барис! Ацы бонты æз уæлдай тынгдæр бамбæрстон, цæмæн цæрæм, уый. Цæмæй коммунистон æхсæнад саразæм, уымæн! Æмбал Никитæ Сергеевич Хрущев нæ партийы ног Программæйы тыххæй цы доклад скодта, уый бæлвырд æвдисы советон адæмы царды нысан. Барис, амондцжын стæм, æз æмæ ды дæр коммунистон æхсæнад аразджыты раззагдæрты рæнхъыты кæй цæуæм, уымæй»... Хъуыссæты Барисыл Партийы XXII съезды фæстæ сæмбæлдтæн æрзæткъахæны фæскомцæдисон организацийы комитеты. Дæ куыст куыд цæуы, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд радта цыбыр дзуапп: - Нырма уал къæмдзæстыг не стæм. Комитеты уаты цы лæппутæ уыдис, уыдон бамбæрстой, Хъуыссæйы-фырт кæй ницыуал зæгъдзæн, уый æмæ, ныхас кæрæдзийæ исгæйæ радзырдтой ахæм хабар: - Æхсæвы сменæ зынтæй арвыстой Барис æмæ йе ’мбæлттæ. Куыддæр перфоратор авд раны ныззылдтой, афтæ къулæй фемæхстысты 513 33
суадæттæ. Минутæй минутмæ дон фылдæр кодта. Цалдæр сахатмæ шахтертæ фадхъулты онг доны лæууыдысты. Фæлæ уæддæр куыстæн уадзæн нæ уыдис. Цы æрзæт къахтой, уый диссаджы хъæздыг разынд. - Февналæм, февналæм, лæппутæ, райсом нын уæддæр фæлладуадзæн бон у! - раст цыма, дон кæй уадис, уымæй Барисмæ исты азым хаудта, уыйау дзырдта. ...Фæлладæй рацыдысты сменæйы уæнгтæ поселочы уынгты. Фæлæ сæ зæрдæтæ радысты цинæй. Барис куыддæр йæхи ахсадта, æхсæвæр бахордта, афтæ газет кæсыныл фæци. Фæлæ йыл уайтагъд хуыссæг фæуæлахиз æмæ афынæй. Дуар æрбахостæуыд цалдæр хатты. Барис нæ райхъал. Хуыбылты Петро уатмæ куыд æрбадыд, уый дæр нæ базыдта. Петро сынтæджы кæрон æрбадти æмæ, мидбылты худгæйæ, комкоммæ касти Барисы фæлладхуыз цæсгоммæ. Æрæджиау ын йæ къухмæ бавнæлдта, æмæ уæд бригадир ракасти. - Хорз нæу фæллад лæджы хъал кæнын. Фæлæ... Петро æгæр дæрдты куы райдыдта, уæд æй Барис фæурæдта: - Цыбырдæр æмæ бæлвырддæр. Хуыбылы-фыртсыстади, бандон æрбаскъæфта, бригадирмæ йæ хæстæг æрæвæрдта: - Дысон æртыккæгæм участочы вентилятортæ фехæлдысты. Шахтæмæ ныххизыны фадат нæ фæцис. Николаимæ сфæнд кодтам шахтæмæ ацæуын. Хъуыссæйы-фырт лæмбынæг байхъуыста, стæй рабадти. - Æмæ лæппутæ цы зæгъдзысты? - афарста уый. - Сæ куыстæй дыууæ сахаты размæ куы рацыдысты... - Лæппутæ цæттæ сты... Барисы бригады уæнгты кълет бынмæ скъæфы. Афтæмæй сæ нырма чысыл раздæр уæлæмæ ласта. Кæй зæгъын æй хъæуы, зиу куы нæ уыдаид, уæд сæ рæстæг дзæбæх арвыстаиккой. Чи сæ, æвæццæгæн, кæсæндонмæ ацыдаид, чи йæ уæгъд рæстæг горæты арвыстаид. Иутæм та сæ, æвæццæгæн, сæ уарзон чызджытæ æнхъæлмæ кастысты... 514
Суанг изæрмæ хорз фæкуыстой Барисы бригады уæнгтæ. фæззыгон хур фæуырдыг Саухохы фæстæмæ. Лæппутæ шахтæйæ куы схызтысты, уæд æрлæууыдысты штольнямæ бацæуæны раз. Алкæй дæр сæ фæндыдис ахæм рæсугъд изæр Зджыдыл йæ цæст ахæссын. Уым банхъæлмæ кастысты Барис, Петро æмæ Николаймæ. Уыдон ма шахтæйы афæстиат сты: цы бакуыстой, уый банымайын хъуыд. Лæппутæ, куыддæр Барис, Петро æмæ Николай шахтæйæ рацыдысты, афтæ сæ алыварс æрæмбырд сты. - Цæй, куыд у? - Нормæ дзы ис æви нæ? Барис Николай æмæ Петромæ йæ цæстæй цыдæр ацамыдта, йæхæдæг йæ рахиз къух бæрзонд систа æмæ хъæрæй сдзырдта: - Дыууæ нормæйы!.. * * * Штольняйы раз æрæмбырд сты бригады уæнгтæ. Чысыл фæстæдæр сæм фæзындысты Барис æмæ Георгий Евтушенко. Коммунистон партийы XXII съезды делегат йæ хæлæрттæн радзырдта йæ балцы хабæрттæ. - Съезды номыл нæ дыууæ бригады æхсæн цы ерыс сцырын, уый дарддæр куы ахæццæ кæниккам, уæд куыд уаид? - бафарста йæ ныхасы кæрон Евтушенко. Барис ницы загъта, æрмæст аивæй бакастис йæ бригады уæнгтæм. Уыдон та кастысты сæ бригадирмæ. Барис сын сæ цæстæнгасæй базыдта, разы кæй сты, уый. - Ууыл ныхас дæр ницæмæн хъæуы! - загъта æрæджиау Барис. Фембæлд ахицæн. Шахтертæ ногæй цыдысты хæхты бынмæ, хæзнатæ къахынмæ, ныфсхаст, хъæлдзæг æмæ уæнгрогæй. О, уæдæ æниу куыд! Æрмæстдæр афтæмæй бауыдзæн сæ бон авдазон пълан æмгъуыдæй раздæр сæххæст кæнын! 515
Цырыхаты Михал ЦÆУДЗЫСТÆМ ТА ДАРДМÆ... 1 Цæуыл та сагъуыди дымгæ? Цæуыл футтытæ кæны афтæ мæстджынæй? Акæсут-ма йæм уæртæ: йæхи та ныццавта зымæгон цъæх мигътыл. Фæйнæрдæм сæ бындзыггай рæдувы. Бæлæсты къалиутæй зæхмæ згъалы хæмпус чырс. Кæйдæр фæскъулæй фелвæста хосы цъупп æмæ йæ халгай тауы. Куыд æнæуаг у! Куыд кæл-кæл кæны! Мæнæ йæ разæй стымбыл кодта кæйдæр хъусджын худ. Хъазы дзы пуртийау. Хус сыфтæрау æй фелвасы зæххæй. Бæрзонд æй сисы. Цъилау æй ныздухы æмæ йæ æгъатырæй хойы агъуыстыты къултыл, цæхæрадæтты каутыл. Фæхæссы йæ кæдæмдæр. Йæ фæстæ цыппæрвадыгæй ныййарц сты сывæллæттæ. - Хæцут ыл, хæцут ыл! - хъæр сæм кæны иу хæрзконд нæлгоймаг. - Хæцу-ут-ыл, науæд æй ныртæккæ доны смидæг кæндзæн! Хъæр кæны, худы, фæлæ йæхæдæг йæ бынатæй не ’ккуырсы. Уынджы фисыныл лæууы бæгъæмсарæй, афтид хæдон æмæ хæлафы. Йæ къухтæ тилы... Сывæллæттæ згъорынц худы фæдыл. Нæ сын комы æрцахсын - лидзы сæ дарддæрæй- дарддæр. Уæртæ йæ чидæр баййæфта. Йæхи йыл баппæрста æмæ йæ йæ быны анорста. Æрбаскъæфы йæ фæстæмæ. Йæ чысыл цæстытæ æрттивынц. - Хъазбег, Хъазбег! - йæ дзырд йæ дзыхы нал бады лæппуйæн. - Гъе, уый лæппу у, гъе! - йæ размæ цалдæр къахдзæфы ракæнгæйæ дзы раппæлыд худы хицау. - Æз дын æй æрцахстон... Ныр мæ дæ тракторыл сбадын кæндзынæ? - Тæккæ райсом. Уалдзæг куы ралæууа, уæд та дæ мемæ быдырмæ акæндзынæн. Иумæ хуым кæндзыстæм, таудзыстæм. Разы дæ? 516
- Æмæ мæ баба ауадздзæн? - Бабаимæ æз мæхæдæг баныхас кæндзынæн. Æрмæст дзьфдæй: мемæ кусдзынæ, трактор дæхæдæг скъæрдзынæ, скъолайы хорз куы ахуыр кæнай, æрмæстдæр уæд. Разы дæ ууыл дæр? - Дæн,- сцин кодта лæппу æмæ йæ цæстæнгас ахаста йе ’мбæлттыл. Чидæр ын йæ фарс батъæпп ласта тымбыл къухæй. Æвæццæгæн æм хæлæг кодтой йе ’мбæлттæ, хардзау сæм касти, худ æрцахсын сæ бон кæй нæ бацис, уый. Чидæртæ дзы кæрæдзимæ фесты. Иу дзы иннæйы асхуыста. Хъазбег бацыд се ’хсæнмæ. Ныллæг хъæлæсы уагæй сын дзуры цыдæртæ. Мæнæ дзы кæмæдæр æргуыбыр кодта. Æрбадти дзуццæджы. Æрдæгскъуыддзæгтæй хъуысы йæ ныхас: - Аив нæу искæй рæстæй æфхæрын. Хорз скъоладзау афтæ никуы фæкæны... - Æмæ исты мæн аххос у... Йæхæдæг мæ ракъахта раздæр, - сæргуыбырæй дзуапп лæвæрдта лæппу. - Æ-æ, сæгуыты лæппын... Фæлæуу, мæнæ дын дæ ахуыргæнæгыл кæнæ дæ ныййарджытæй искæуыл фембæлон, кæддæра сын нæ радзурин, дæхицæй кæстæры, æдыхдæры куыд бафхæрдтай, уый тыххæй. Лæппу йæ сæр ноджы ныллæгдæр æруагъта йæ риуыл. Уыцы мадзурайæ иуварс азылд æмæ сисы рæбын слæууыд æфсæрмыхуызæй. Хъазбег æм аивæй касти йæ цæстыты зулæй æмæ тыххæйты æмбæхста йæ мидбылты худт. Лæппу лæууыдис цавддурау. Гæзæмæ баумæл сты йæ хъоппæг цæстыты бынтæ. Афтæ зынд, цыма ныртæккæ фегом уыдзæн йæ кæуындзæг æмæ йæ пух уадултыл æргæр-гæр кæндзысты йæ цæссыгтæ. Фæлæ не скуыдта лæппу. Йæ чысыл сау æрфгуыты бын тыбар-тыбур кодтой йæ æнæхин сыгъдæг цæстытæ, цыма искæмæй исты куырдтой, уыйау. Æмæ кæд куырдтой, уæд та? Цы? Кæмæй? Мæнæ ацы ас адæймагæй: «Мацы зæгъ мæ ахуыргæнæгæн... Мæ мадæн дæр... Никуыуал бакæндзынæн афтæ... Мацы зæгъ, мацы»,- дзырдтой сабийы цæстытæ. - Сæгуыты лæппын, - ногæй та райхъуысти Хъазбеджы хъ- æлæс. - Ацы хатт уый дзырдта бынтон сабыр æмæ фæлмæнæй. 517
- Цæй, хорз. Рацу, æмæ бафидауæм... Нæ къухтæ кæрæдзимæ радтæм... Уыцы ныхæстæм зынджы къуыбæрттау сæрттывтой лæппуйы хъоппæг цæстытæ, кæрæдзийæ фæйнæрдæм фæцыдысты йæ тыппыр былтæ æмæ урс-урсид дзæнхъайы къæрттытау разындысты йæ дæндæгтæ... Дымгæ йæ кæнон кодта. Фæлæ йæ Хъазбег ницæмæ дардта. Уадз æмæ тъиза, уадз æмæ футтытæ кæна. Хъазбегæн ницы хъом у. Уый ныр фидар лæууы йæ къæхтыл. Чысыл раздæр ын дымгæ аскъæфта йæ худ, фæлæ йын йæхи фенкъуысын кæнын нæ бафæрæзта. Мæнæ лæууы тулдз бæласы хуызæн æмæ кæсы цардмондаг сабитæм. Кæддæр йæхæдæг дæр уыдоны цахъхъæн уыдис. Ссæдз азы размæ. Æрдзæхстытæ йæ кодта хъысмæт. Рагуалдзæджы йæ сæ быны аууæрстой карз тымыгътæ. Æрдæбон ын дымгæ йæ худæй куыд хъазыди, афтæ йын ахъазыди йæхицæй дæр. Миты хъæпæнтæ йын бакалдта йæ æрыгон зæрдæйы. Ахгæдта йын йæ цæстытæ. Фæлæ нæ ахуыссыд йæ уæнгты цæхæр. Кæдæмдæр афардæг сты уазал тымыгътæ. Банцади уады ниуын. Саби цыдис саджилтæ фæндагыл. Хаттæй-хатт-иу фæдзæгъæл. Фæбырыдысты-иу йæ къæхтæ. Фæлæ йыл-иу фæхæстхорз адæймаджы къух. Сыстын- иу æй кодта, сарæзта-иу æй раст фæндагыл. «Мауал фæбыр! - хъуыста кæйдæр æнæбæрæг хъæлæс. - Фæхæц дæхиуыл. Ма баком дымгæйæн ахæссын!» Æмæ нæ бакуымдта... Уадз æмæ футтытæ кæна дымгæ. Уадз æмæ йын скъæфа йæ худ дæр. Худ йеддæмæ ма исты у? Стæй йæ кæй онг хæсдзæн? Кæй онг?! Æппын мацы фæуæд, фæлæ фæндагыл фæзындзæн иу цæуæг. Æрлæудзæн дымгæйы ныхмæ. Байсдзæн дзы Хъазбеджы худ. Ау, афтæ бакæнын чысыл сабийы бон дæр ма куы бацис... II - Уæдæ сымах Пузиччы агурут? - арф ныуулæфгæйæ нæ бафарста Хъазбег. - О, - цыбыр дзуапп радтам мах. 518
- Æвæццæгæн æмæ уæ æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн... Пузик ам нæй... Абон райсом Заманхъулмæ ацыд йæ хæстæджытæм... Мах нæхимидæг батыхстыстæм. - Æмæ тагъд æрбаздæхдзæн? - Аизæр æй ардæм хъæуы. Партион æмбырд нæм ис, æмæ йын уым æнæуæвгæ нæй. Ныхас дзы нæ уалдзæджы хъуыддæгтыл цæудзæн. Хъазбег цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй загъта: - Аив нæу уынджы къæйыл лæууын. Мидæмæ нæм рацæут. Цæхх æмæ уын кæрдзынæй фысым уыдзыстæм. Уæхи нæм схъарм кæнут. Уæдмæ Пузик дæр зындзæн. Гъе, стæй кæд афтæ æнæвдæлон стут, уæд Заманхъул дæр арвы кæрон куы нæ ис, миййаг... - Гъе. уый хъуыддаджы ныхас у. Фæлæ дæ немæ ацæуынмæ нæ февдæлдзæн? - бафиппайдтам мах. - Уемæ? Цæуыннæ. Мæ трактор цæттæ у. Зæрдæхсаинагæй йæм ницыуал ис. Гъе, æрмæст Пузик нырма æндæрæхсæв æрбацыд Олгинскæйæ. Уым куыста. Быдыртæм фаджыс ласта, фермæтæм та холлаг. Йæ трактор ремонтгæнинаг у, æмæ йæ мæ зæрды абон райхалын уыд... Цæй, хорз. Райсом æй райхалдзыстæм. Барæвдз æй кæндзыстæм. Цæуын уемæ, - сразы Хъазбег æмæ йæ дарæс раивынмæ ацыд... Чысыл фæстæдæр рог автомашинæ мах скъæфта Беслæныхъæуæй Заманхъулы ’рдæм. Нæ фарсмæ бадтис тракторист Сымайлиаты Хъазбег дæр. Немæ цæуы йæ кæстæр æфсымæр Пузиччы фенынмæ. Бады машинæйы æмæ фæлгæсы быдыртыл. О, быдыртыл, æнæкæрон быдыртыл. Рæстæгæй- рæстæгмæ байгом кæны машинæйы дуар, æмæ уæд дзæбæх фæхъусæм уазал дымгæйы æхситт. Иу миты къæрмæг никæцæй зыны. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма нырма æрæгвæззæг улæфы йæ комыдзагæй æмæ, йæ хъулон къæхтæй даргъ санчъехтæгæнгæ, барджынæй цæуы ацы зæххыл, цыма йæ нæ фæнды зымæджы уазал дзæмбытæм йæхи раттын. Ай-гъай, нæ йæ фæнды. Уый йеддæмæ искуы Дæр ма афтæ уыдис, æмæ ацафон зæхх йæ уæлæ урс тинтычъи 519
кæрц ма скæна! Афтæ цъæх кæд дардтой Ирыстоны быдыртæ тъæнджы мæй? Никуы, фæлæ ныр дарынц. Нывæфтыд егъау гауызтау нæ размæ айтынг сты фæззыгæндтæ. Ранæй-рæтты сатæгсау дарынц анауыли зæххытæ. Стыр тъæпæнтæ нырма æмбæрзт сты нартхоры хъæллæгъæй. Дард кæцæйдæр хъуысы тракторты моторты гуыв-гуыв, чысыл æмæ сыгъдæг суадæтты - сыр-сыр. Цы ма уа ахæм нывтæм кæсынæй дзæбæхдæр зымæгон? Æмæ сæм мах не ’ппæт дæр кæсæм. Фæлæ куыд бафиппайдтон, афтæмæй нæ ног зонгæ Хъазбеджы æрфгуытæ фæтар сты, фæуæззаудæр, фæдæрзæгдæр йæ хъæлæсы уаг. Мæнæ йæ къæхты бынæй арф ныуулæфыд, æмæ дзы схаудта иунæг дзырд. -Анауыли! Æз раздæр нæ бамбæрстон, Хъазбег уымæй цы зæгъынмæ хъавыд, уый. Фæлæ ног фæлдæхт зæххы тæлммæ куы бахæццæ стæм, уæд тракторист фæбæлвырддæр кодта йæ хъуыды. - Анауыли... Цæттæ хор у уый... Фæлæ махмæ ацы аз иунæг гектар дæр анауыли конд нæй. - Цæуылнæ? - Нæ колхозы разамонджыты аххосæй. Бавдæлдысты æмæ нартхоры хъæллæгъ æнæкарстæй кæмæндæр ауæй кодтой. Æлхæнджытæ йæ афоныл нæ ныккарстой. Зæхх æнæсыгъдæггондæй баззад. Мах та замманайы цæхæры хуызæн бонты бонасадæн кодтам. Уæдæ цы куыстаиккам? Хъазбег фæхъус. Аджих. Стæй йæ къух цæуылдæр ауыгъта æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта: - Æмæ анауылй дæр цыфæнды фæуæд, бар йæхи, уалдзæджы нæ зæххытæ арфдæр бахуым кæндзыстæм, фæлæ бирæ цыдæртæ не ’мбарын нæ колхозы хъуыддæгтæй. Ногæй та ныхъхъус ис Хъазбег. Нæ машинæ иу ран æрурæдтам, æмæ нæм æрбайхъуыст суадæтты хæл-хæл. Заманхъулы бæрзæндтæй згъорынц уыцы алæмæты суадæттæ. Зымæджы бон нæ бацис уыдоны их архъантæй æрцахсын, сæ чысыл дзыхты сын митын къæрмæджытæ нытътъыссын, æмæ зарынц, зарынц... Зарынц, згъорынц... 520
Мæн бафæндыд ам, тыгъд быдыры, æрдæгсалд зæххыл мæхи æруадзын. Иунæгæй, зыбыты иунæгæй. О, фæлæ мын цы радзурдзæн быдираг хъал суадон? Цы мын радзурдзæн? Алцыдæр. Зæгъдзæн мын: «Мæн хуызæн æнæскъуынгæ у цард дæр». Æз æм байхъусдзынæн æмæ йæм ныдздзурдзынæн: -Уырнымæ! Уый фæстæ комкоммæ бакæсдзынæн мæ ног зонгæйы цæстытæм æмæ йæ бафæрсдзынæн: - Ды та цы зæгъдзынæ? Фæлæ мын уый ницы дзуапп ратдзæн. Æз æм уæдæй нырмæ дæр мæстæй хæлын. Æмæ йæм куыннæ мæсты чындæуа! Цал æмæ йæ цал хатты бафарстон! Исты мын, зæгъын, радзур дæхи, дæ бинонты цардæй. Уый та, цыма йын йæ дзых хуыйгæ бачындæуыд, уыйау кæнæ æппындæр ницы дзуры, кæнæ йæхи æндæр ныхæстыл адары. Цы нæ цæуы сæ колхозы хъуыддæгтæй йæ зæрдæмæ? Нæ, ныртæккæ сарт æмæ мысалгъæй дæр иу дзырд нал сæппардзынæ Хъазбегæй. Тар у йæ цæстæнгас, хъуынтъыз - йе ’рфгуытæ. Мæнæ та ныффутт ласта дымгæ æмæ кæцæйдæр æрбахаста тракторы моторы уынæр. Хъазбег фæхъил кодта йæ сæр æмæ бынтон æнæнхъæлæджы загъта: - Æмæ сымах зонут, Пузик æфсадæй æртæ азы размæ кæй æрыздæхти, уый? Нæ хъысмæт куыддæр иухуызæн рауад. 1948 азы фыццаг хатт сбадтыстæм тракторыл æмæ нæ колхозы быдырты акодтам нæхи сæрмагонд фыццаг гутонвæдтæ. Нæ дыууæ дæр афтыдыстæм Сыбырмæ... Уазал цæгатмæ... Уым службæ кодтам... Хъазбегæн та ууыл фескъуыди йæ ныхас. Æз бамбæрстон, йæ царды тыххæй йæ цыдæр радзурын кæй фæнды, фæлæ йæ бон кæй нæу, уый æмæ йæ ницæмæйуал фарстон... III Дзæвгар фæбадтыстæм Заманхъулы Пузиччы хæстæджытæ Бигъаты Бимболаты хæдзары. Бирæ диссæгтæ нын фæдзырдта зæронд Бимболат. Ацы фæрныг хæдзары кæрæй-кæронмæ райхæлд Сымайлиаты бинонты царды къуыбылой дæр. Даргъ 521
у уый. Бирæ рæтты фæхаутæ æмæ-иу фæцæйскъуыди, фæлæ аскъуынын нæ бакуымдта, æмæ йæ цард дарддæр нывæзта... Мæ фарсмæ бадынц дыууæ æфсымæры. Сæ иуыл цæуы иуæндæс æмæ ссæдз азы, иннæуыл - фондз æмæ ссæдз. Сæ иу дæр тракторист у æмæ иннæ дæр. Хистæр - мадзура, кæстæр - æргомдзырд. Мæнæ ныртæккæ дæр Пузик халы бинонты царды къуыбылой. Хъазбег бады йæ бакомкоммæ æмæ хъусы йе ’фсымæрмæ. Цавæрдæр æнкъард хъуыдытæ схæлбурцъ кодтой йæ риу ы, æмæ сæ йæ бон бамбæхсын нæу - ком дзог ыл цæуынц йæ цæсгомы нуæрттæ... Хъусын æз дæр ныхасгæнæгмæ. Йæ ныхæстæ мæ сисынц сæ уæззау базыртыл æмæ мæ рахæсс-бахæсс кæнынц Ирыстоны къуымты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фронтты. Кæцæйдæр мæм æрбайхъуысы æвæгæсæг сабиты кæуын æмæ мæлæг адæймаджы хъæрзын. Уый Хъазбег æмæ Пузиччы мад Тамарæйы хъæрзын у... Уазал уаты хуыссы уарзæгой мад. Йæ фæлурс уадултыл æнцадгай лæсынц судзгæ цæссыгтæ. Зыр- зыр кæнынц йæ мæллæг къухты æнгуылдзтæ... Рагуалдзæджы хуры тынтæ æрбакалдысты Сымайлиаты хæдзары рудзгуытæй. Ахъазыдысты рынчыны цæсгомыл æмæ атахтысты фæстæмæ. Нал сæ федта Тамарæ. Уый æрæхгæдта йæ цæстытæ æмæ ныттар ис бæстæ, æрныгуылд хур æмæ никуыуал скасти Тамарæйыл.... Фемæхстысты Хъазбеджы цæссыгтæ. Авдаздзыд Пузик тарстхуызæй кæсы, марды уæлхъус чи стыгуыр, уыцы адæммæ. Бинонты кæстæр - афæдздзыд Толиччы - сыхаг сылгоймæгтæй чидæр систа йæ хъæбысы æмæ йæ ахаста кæдæмдæр. Мæнæ сæ иунæг æнахъом хо дæр... Ныддæлгом йæ мадыл. Йæ хъусы йын цыдæртæ дзуры. Фæлæ йæ мад нæ хъусы - уый бафынæй æнусмæ æмæ никуыуал райхъал уыдзæн... Кæм ис сæ фыд Агуыбечыр та? Ацы уæззау бон цæуылнæ æрбалæууы йæ сабиты уæлхъус æмæ сæ цæуылнæ барæвдауы? Уый ам нæй. Дард кæмдæр хæцы немыцаг лæбурджытимæ. Чи зоны æмæ афонмæ искуы мæцы йæ туджы. Ныр дзы цалдæр мæйы ницы хабар ис... 522
Пузикæн йæ ныхас фескъуыд. Цæуылдæр ахъуыды кодта. Зьш ын у уыцы хабæрттæ мысын. Æмæ ма сæ æниу ныр цæмæн хъæуы мысын дæр? Уыдон æстдæс азы размæ уыдысты æмæ аивгъуыдтой. Æстдæс азы размæ... Уæд бахаудтой сидзæр сабитæ Дур-Дуры сывæллæтты хæдзармæ дæр æмæ уым хъомыл кодтой, цалынмæ хæст нæ банцад, уæдмæ. Хæсты фæстæ сæм ардæм фæзынди сæ фыд æмæ сæ ракодта сæхимæ. Уæдмæ дыууæ хистæр лæппуйы бахызтысты сæ лæджы «кармæ». Сæ фыд Агуыбечыр куыста сæ колхозы полеводæй æмæ сæ-иу йемæ арæх акодта быдырмæ. Бирæ хатт сæ-иу ныууагъта быдырон станы кæнæ тракторон бригады. Лæппутæ цымыдисæй кастысты трактортæм. Фæндыдис сæ уыдоныл сбадын æмæ хуым кæнын. Чындздзон чызгау худти уалдзæг. Алыхуызон æрттывд код- той дидинджытæ. Фæлмæн дымгæ хъазыд ногдзыд кæрдæджы хæлттæй. Æндон уæйгуытау базмæлыдысты трактортæ æмæ фæлдахын райдыдтой зæхх. Сымайлиаты лæппуты сæ къах нал хаста быдырæй. Кусын райдыдтой прицепщиктæй. Хъаз- бег æвзæр нæ арæхст. Фæлæ-иу фæлтæрдджын трактористтыл хаттæй-хатт худæг бахæцыд Пузикмæ кæсгæйæ. - Нæ кæсут уымæ, - дзырдтой уыдон. - Зæххæй уæлæмæ нæма зыны, афтæмæй тракторыл сбадынмæ йæ быцъынæг хъары... Нæ йæм кæсут, доны ведра йæ фæдыл куыд фæласы! Æмæ йын æй тракторы та чи ныккæндзæн? Иу ахæмы та Пузик цыдæртæ архайдта тракторимæ, афтæмæй йыл æрбамбæлд йæ фыд - колхозы полевод. Фæкастис æм æдзынæг. Ницы уыйбæрц дзы барухс йæ зæрдæ, æмæ йын загъта: - Лæппу, трактор бæх нæу. Саргъ ыл нæ сæвæрдзынæ æмæ йыл дæ зæрдæйы дзæбæхæн нæ атезгъо кæндзынæ. Фæлтау афардæг у хъæмæ æмæ уал искуы фæскъул лыстытæ уидз... О, ахæм уыд 1948 азы дæр ма Пузик. Фæлæ уый нæ бакуымдта «лыстытæ уидзынмæ» ацæуын. Йæ хистæр æфсымæры фæдыл ныфсджынæй аскъæрдта домбай трактор. Уæдæй нырмæ чысыл рæстæг нæ рацыд. Цымæ цал мин гектары афæлдæхтой зæхх дыууæ æфсымæры ацал-ауал азы? 523
Цал мин тоннæйы æрзайын кодтой хор? Зын банымайæн сты уыдæттæ ныртæккæ. Æрмæст иу хъуыддаг бæлвырд у - нæма сæххæст æфсымæрты бæллиц. Уыдоны фæнды, фыдæй-фыртмæ Беслæныхъæуы зæххытыл кæй никуыма фендæуыд, ахæм тыллæг æрзайын кæнын. Уый тыххæй сæм ис фæлтæрддзинад дæр æмæ арæхстдзинад дæр. Æркæсæм ма сын сæ фароны куыстмæ. Дыууадæсыссæдз гектары сæхимæ райстой зæхх. Байтыдтой йæ уалдзæджы. Фæзылдысты йæм суанг æрæгвæззæгмæ. Æрмæстдæр дыууæйæ! Уыдонæй дарддæр йæ къух ничи бакодта уыцы хуымтæм. Ничи сын федта сæ цъæх дæр æмæ сæ бур дæр. Æмæ æвзæр нæ рауад сæ хъуыддаг - сæ алы гектары дæр сызгъæрины хуызæн нартхорæй æрзад иу æмæ æртиссæдз центнеры! Уый чысыл нæу. Фæлæ дыууæ æфсымæры разы не сты ахæм тыллæгæй. Уыдон хорз зонынц, ацы зæххæй фылдæр хор, фылдæр бæркад райсæн кæй исэ уый. Акæсут-ма далæ Хуымæллæджы кæнæ Быруты нартхоры куыстгæнджытæм! Афтæ дард не сты Беслæныхъæуæй - сæ зæххытæ æмауæдз сты. Уæдæ цы æгъдауæй бафтыд уыдоны къухы ахæм хъæздыг тыллæг æрзайын кæнын? Хъазбег æмæ Пузик иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты Æлбегаты Харитоны хуымты. Иу æмæ дыууæ хатты нæ фарстой номдзыд звеноводы йæ куысты тыххæй. Фæлæ - нæй, сæ бон нæ бацис уымæ æввахс бацæуын дæр. Цæй аххосæй? Фыццаджыдæр, механизацигонд звенотæ сæм кæй нæ ис, зæхх комплексон æгъдауæй куыстгонд кæй нæ цæуы, уый аххосæй. Дыккаджы та, хуымтæм хъацæнтæ фаг кæй нæ ласынц æмæ сæм бахъуаджы сахат дон кæй нæ рауадзынц, уый аххосæй. Æртыккаджы - хыгъд, куыд æмбæлы, афтæ æвæрд кæй нæу, стæй хъæууонхæдзарадон машинæтæй æвзæр пайдагонд кæй цæуы, уый аххосæй... Дзуры уыцы хъуыддæгтыл Пузик, æмæ хаттæй-хатт йæ цæсгомы нуæрттæ æрбатымбыл вæййынц, цæтджинагау рафыцы йæ маст. - Афтæмæй дарддæр кусæн нал ис... Дæуæн бар дæхи, Хъазбег, фæлæ æз ацы аз афтæ кусыныл разы нал дæн æмæ кусгæ дæр нал бакæндзынæн, - цæхгæр алыг кодта Пузик. 524
- Уый цытæ дзурыс, Пузик? - комкоммæ йæм уайдзæф кæнæгау бакаст Хъазбег. - Æцæг цы у æмæ мæ зæрды цы ис, уый, - ноджы тызмæгдæрæй загъта Пузик. - Æз мулкмæ никуы бæллыдтæн, стæй цы у, уымæн зонгæ дæр ницы кæнын, фæлæ дæм раст кæсы, нæ колхозы разамонджытæ нæ куыд фæхынджылæг кодтой, уый? - Цæмæй нæ фæхынджылæг кодтой? - Цал тоннæйы нæм цыд уæлæмхасæн мызд, æмæ нын дзы цас радтой? - Æмæ дæ хъæугæ та кæцырдæм кæнынц? Цы кæныс уыйбæрц хорæй, мæлæты бирæ даринæгтæ дын ис? - Ныхас даринæгтыл нæ цæуы. Æз уыцы нартхор исгæ дæр нæ ракодтаин, ныууагътаин æй колхозы пайдайæн, фæлæ мын афтæ куы загътаиккой: «Рацу, Пузик, æмæ дæ фæллой райс. Бузныг дæ стæм не ’ппæт дæр», зæгъгæ, уæд ныртæккæ мæ зæрдæйы ницы маст уаид, зонин, мæ куыстæн, мæ фæллойæн аргъ кæй ис, уый æмæ хуыздæр уынин мæ развæндаг. - Стæй та дæ бафæндыдаид, цæмæй дын дæ кады, дæ намысы зарæг ныккæной? - Кæуыл хъæуы, ууыл ахæм зарджытæ кæнын дæр æвзæр нæу. Кады зарджытæ ныл цæмæй кæной, ахæмæй нæм ницы ис. Фæлæ цæргæсæн йæ базыртæ куы акъуырай, уæд тæхгæ кæй нал фæкæны, уый дæр дæ рох ма уæд. - Мæнмæ та афтæ кæсы, æмæ æгæр стырындз дæ ныртæккæ. Цæмæн хъæуы афтæ бæрзæндты тæхын... Хохы рындзæй куы расхъиуай, уæд дын де стæгдар халон дæр нал ссардзæн,- мæстджынæй загъта Хъазбег. - Æмæ нæ фыдбылыз дæр уый нæу. «Нæ хъæуы. Ма дзур. Ницы дæ хъуыддаг ис!» Быдыры сæдæгай тоннæтæ хор æмбийа цавæрдæр æнæсæрфат бригадиры аххосæй - мацы зæгъ! Исчи æхсæнады исбон хæлæттаг кæна æмæ йæ алырдæм уара - дæ дзыхыл хæц! Кусгæ мацы бакæн, афтæмæй дæхицæн °ины хæйттæ лух, фарон фæззæг чидæртæ æнæзакъонæй Уæлæмхасæн хор куыд райстой, афтæ - мацы сæм сдзур! Ды зæххы куыст механизаци кæныныл архай, чидæр та дын дæ 525
къухты нæ фыдæлты къæпи тъыссæд - ницы дæ хъуыддаг ис! Æмæ уæд дзургæ та цæуылнæ хъуамæ кæнæм, цæуылнæ нæ ис хъуыддаг? Ау, быдыргъытæ стæм? Нæ, Хъазбег, æз æмæ дзы дæумæ дæр бирæ азым хауы. Нæ дзыппыты партион билеттæ хæссæм. Æцæг коммунистæн та йæ бон нæу, хъуагдзинæдтæ куы уына, уæд сæ иу фæрсты цæуын!.. Пузик фæныллæгдæр кодта йæ хъæлæсы уаг. Хъазбег æм ницыуал дзырдта, афтæмæй, цæуылдæр хъуыды кæнгæйæ, бадтис. Нæ йæ фæндыд, ныхас æгæр даргь цæмæй цыдаид, уый æмæ архайдта, йе ’фсымæры маст цæмæй фæкъаддæр уыдаид, ууыл. Фæлæ та Пузик дзурын райдыдта ногæй. - Бацыдыстæм партийы райкоммæ. Раст фыццæгæм секретарæн йæхимæ. Радзырдтам хабæрттæ кæрæй-кæронмæ. Суанг ма йын нæ колхозы фосдарæн фермæты уавæры тыххæй дæр загътам. Цалдæргай бонтæ, зæгъæм, хъуццытæ æвæгæсæгæй баззайынц. Афтид хъæмпы æвджид сæ ныууадзынц. Сæ бынтæ сын нæ сыгъдæг кæнынц. Дуцæг сæ нæ вæййы. Æхсæвæй-бонæй сæ бастæй дарынц... Нартхор кæй бамбыд, зæххытæ æвзæр куыстгонд кæй цæуынц, уыдæтты тыххæй дæр ын радзырдтам. Уый нæм биноныг фæхъуыста, стæй нын афтæ зæгъы: «Хорз, æркæсдзыстæм хъуыддагмæ». Æмæ ма сæм абон дæр кæсынц, абон дæр ма сæ æвзарынц, фæлæ хъуыддаг нæ фæхуыздæр. Аххосджынтæй дзуапп ничи бацагуырдта. Мах дæр æй ныхъхъуытты уагътам. Уый раст у? - Гъемæ нæм изæры партион æмбырд уыдзæн, æмæ уым дæ зæгъинæгтæ иууылдæр зæгъ. Чи дæ хъыгдары? - йæхи нал баурæдта Хъазбег. - Бæгуыдæр сæ зæгъдзынæн. Мæ цæст дæр нæ фæныкъул- дзынæн. Нæ урскъух бригадир Таймуразæй тæрсын? Нæ йæ феныс куыстафон? Урс цыллæ кител æмæ æрттиваг цырыхъ- хъыты дзуары лæджы цыд фæцæй кæны. Цавæр разамонæг у уый? Хуымы астæумæ йæ бакæн, æмæ дын æнæсахъат æф- сирты æхсæн мæгъæлда нæ раиртасдзæн. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Центрон Комитеты мартъийы Пленум биноныг æркæсд- зæн уыцы хъуыддæгтæм. Гъе, уый дын мæ ныхас. Кус, цас 526
дæ фæнды, уый бæрц. Æз мæхимæ сæрмагонд зæххы хай нал райсдзынæн. Мах фемдзаст стæм Хъазбегимæ. Уымæн гæзæмæ фæсырх йæ цæсгом æмæ æфсæрмыхуызæй загъта: - Раст дзуры нæ колхозы хъуыддæгты тыххæй. Фæлæ раст нæу, нал бакусдзынæн, зæгъгæ, кæй зæгъы, уымæй. Цалдæр боны размæ иумæ ныхас кодтам нæ пълантыл. Ацы аз дæр иумæ кусдзыстæм. Æртæфондзыссæдз гектары райсын ис нæ зæрды, нæ бон бауыдзæн уыдоны комплексон механизаци скæнын... Пузикыл уæ зæрдæ ма фæхудæд... йæ маст æй дзурын кæны. - Уый афтæ у, бæргæ, фæлæ... - йæ ныхас кæронмæ нæ ахæццæ кæнгæйæ, арф ныуулæфыд Пузик æмæ рудзынгæй йæ цæстæнгас ахаста æнæкæрон быдыртыл... IV Ахицæн партийы Центрон Комитеты мартъийы Пленум. Æгас бæстæ йе ’ргом аздæхта уый уынаффæтæм. Уыдон, уалдзыгон сыгъдæг дымгæйау, æрбагуылф кодтой æмæ нæ зæххæй систой æмбыд æмæ хус хæтæлтæ. Егъау уисойæ мæрзын райдыдтой, хъæууон хæдзарады цы бырæттæ сæмбырд, уыдоны. Сыгъдæг дымгæ бакалд æнæрынцой трактористтæ Хъазбег æмæ Пузичы зæрдæтæм дæр. Æрсабыр сын кодта сæ судзгæ маст. Сулæфыдысты сæ риуты дзаг, афтæмæй сбадтысты сæ æфсæн бæхтыл. Уæртæ сæ ногæй аскъæрдтой сæ колхозы быдырты. Арф фæлдæхт зæххытæ сатæгсау адардтой сæ фæдыл. Нал æнцайы сæ домбай тракторты моторты нæрын. УартæПузиклæууыйæтракторыуæлхъус.Уалдзыгондымгæ йын хъазы йæ сæрыхъуынтæй. Суанг йæ рæмбыныкъæдзтæм батылдта йæ дыстæ. Йæ хурсыгъд цæсгомыл зыны цавæрдæр Циндзинад. Цы ’рбаци йæ кæддæры маст? Цæуыл у абон афтæ хъæлдзæг æмæ куыстмондаг? Цæуыл? Æмæ æнкъард та цæмæн хъуамæ уа, æниу? Ногæй йын æрцыд фесгуыхыны фадат. Ныр Уæндондæрæй цæудзæни размæ. Ныр æндæр æгъдау уыдзæн иæ куыстæн. Уæртæ йæ къурткæйы дзыппы дары мартъийы Плейумы уынаффæ. Уым алцы дæр бæлвырд фыст у. Никæй 527
бауадздзæн Пузик уыцы диссаджы уынаффæйы сæрты ахизын. Исчи ма бавзарæд уæдæ! Пузик æндон хохау æрлæудзæн йæ ныхмæ æмæ йын æрæхгæндзæн йæ фæндаг. Хъазбег дæр афтæ. Кæсут, куыд парахатæй улæфы уалдзыгон быдыр. Куыд дзæбæх сыр-сыр кæны быдираг хъал дон. Кæцæйдæр та æрбайхъуысти зарæг, фæлмæн зарæг. Зæрдæйыл æмбæлынц йæ фæлмæн зæлтæ. Рæхджы зæххыл йæ цъæх-цъæхид пæлæз æрæмбæрздзæн нæ быдырты бардуаг æмæ фидауц - нартхор. Дыууæ æфсымæры цæстытыл ныридæгæн дæр уайынц саухалыг æвзартæ æмæ цъæх квадраттæ. Дымгæ? Сах къæвдатæ? Хуры судзгæ тынтæ? Сæ бар сæхи! Уыдон ницы хъом бауыдзысты трактористтæн. Нæ сæ фæцудын кæндзысты се стыр фæндагæй. Æз хъусын зарæг. Цы дзæбæх фидауы! Ысфæйлаумæ зардмсе Нæ быдырты цьæх. Цæудзыстæм та дардмæ, Гъей, фезмæл, мæ бæх!.. Уый быдираг зарæг у, царды, зæххы, адæймаджы зæрдæйы зарæг у. Лæмбынæг æм хъусынц дыууæ æфсымæры, дыууæ трактористы. Абон æй афтæ хъæрæй нæма кæнынц, фæлæ йæ райсом сисдзысты бæрзонддæр, сисдзысты йæ, æмæ йæ айсдзæн æнæхъæн зæхх. Хъусдзысты йæм коммунизммæ бырсæг адæм. Ысфæйлауы мæ зардмæ Нæ быдырты цъæх!.. —<©$©>— 528
РАГОН ИРОН АДÆМЫ ФИЛОСОФОН ÆМÆ ÆХСÆНАДОН ЗОНДАХАСТ (Адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ) Рагон адæймаг дунейы фæзындтæм цы цæстæнгас дардта æмæ цард куыд æмбæрста, уыцы хъуыддаджы уыди бирæ хуымæтæгдзинæдтæ æмæ кæрæдзи ныхмæ лæууæг хъуыдытæ. Уый ранæй-рæтты раст æмбæрста йæ алфамбылай дуне, æрдзы фæзындтæ æмæ æхсæнадон царды цаутæ, бирæты та дзы фантастикон хуызы æмбæрста. Йæ зондахаст, æмтгæй райсгæйæ, раст бындурыл рæзыди: стихион-материалистон зондахасты бындурыл. Афтæ уыд рагон ирон адæмы зондахаст дæр. Уыдон, иуæй, уæларвон зæдтæ æмæ дауджытыл æууæндыдысты æмæ сын куывтой, лæгъстæ сын кодтой, иннæмæй та раст æмбæрстой сæ алфамбылай дунейы фæзындтæ æмæ царды цаутæй бирæты. Цард дон æмæ зынгæй у, зæгъы нарты Уæрхæг. Æмæ ацы стыр хъуыды раст æвдисы суанг незаманы ирон адæмы цæстæнгас. Уæрхæджы ныхæстæ сæ хъуыды æмæ сæ формæйæ сты рагон æндæр адæмтæй бирæты стихион-материалистон философон цæстæнгасы хуызæн, зæгъæм, рагон китайæгты æмæ грекъæгты цæстæнгасы хуызæн: уыдон дæр дунейы сæйраг бындурыл нымадтой дон, зынг, зæхх æмæ материйы æндæр формæтæ. Рагон ирон адæм, дуне куыд равзæрди, уый кæд не ’мбæрстой, уæддæр æм реалон цæстæй кастысты. Хур, мæй æмæ стъалыты равзæрд бамбарыныл архайдтой; хуыцау сæ скодта, зæгъгæ, афтæ нæ хъуыды кодтой. Зæгъæм, арвыл Æрфæны фæд, уыдонмæ гæсгæ, равзæрди, нарты Уырызмæджы бæх Æрфæн мигъæй æврагъы астæу куы тахти, уæд цы фæд ныууагъта, уымæй. Арвæрдын дæр нарты кадджыты хонынц Сосланы æрдын. Хур æмæ мæй нарты кадджыты арæх вæййынц адæймаджы миниуджыты хицау æмæ нартæ семæ сты æнгом баст, суанг ма туг хæстæгдзинад дæр рауайы се ’хсæн. Адæм раджы заманы дæр диалектикæйы хуызы кæй хъуыды кодтой, ома дуне, цард иу ран æнцад кæй нæ лæууы, йæхи ивгæ 34 529
размæ рæзгæ кæй цæуы, уыцы стыр хъуыды бæлвырд зыны ирон адæмон æмбисæндты. Уыцы адæмон цыбыр ныхæстæ иттæг тыхджын сты философон мидис æмæ хъуыдыйæ, бæлвырд сæ зыны æрдзон æмæ социалон-æхсæнадон процесс. Адæм зыдтой, дунейы цаутæ рæстæггай кæй сты, кæрæдзи кæй ивынц, иутæ дзы кæй ахицæн вæййынц, æмæ иннæтæ куыд равзæрынц - ома рæстæгæн бауромæн нæй, цæуы размæ æмæ йемæ хæссы ног цаутæ, ног фæзындтæ. Ахæм у йæ хъуыды - рæстæг хæхтæ фæлдахы, зæгъгæ, уыцы æмбисондæн. Рæстæг æмæ дуне æнцой кæй нæ зонынц, размæ кæй цæуынц æмæ адæмы цард дæр семæ размæ ивгæ кæй цæуы, уыцы стыр философон хъуыды бынтон бæлвырд зыны мæнæ ацы æмбисонды: «Бон цæуы æмæ амонд йемæ хæссы», - ома рæстæг размæ цæуы æмæ, адæм цæрæнбонты кæмæ бæллынц, уыды цардмæ сæ кæны. Ахæм хъуыды æвдисы æмбисонд «Алцы дæр зæххæй хурмæ тырны». Дуне æнцад кæй нæ лæууы, змæлгæ кæй кæны, размæ йæхи ивгæ кæй цæуы, адæмы уыцы стыр диалектикон хъуыды зыны мæнæ ахæм æмбисонды дæр: «Тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы». Ацы æмбисонды хъуыды лæууы æндæр æмбисонды хъуыдыйы ныхмæ: «Лæугæ доныл хъуына хæцы». Куыд уынæм, афтæмæй ацы æмбисæндты ис стыр оптимистон хъуыды, зæгьгæ, адæймаджы амонд ис æнæзмæлгæ æнцойы нæ, фæлæ змæлды, архайды, размæ цыды æмæ тырнындзинады, - æнцад лæугæйæ алцæуыл дæр «хъуына хæцы». Адæмы зондахаст æвдисы, царды ныхлæуддзинæдтæ кæй ис, уыцы хъуыддаг. Уымæн æвдисæн у адæмон æмбисонд: «цард у дунейы асин: чи дзы уæлæмæ цæуы, чи та - дæлæмæ». Дунейы алыхуызон фæзындтæ кæрæдзи кæй ивынц, стæй уыцы ивддзинад æнцон æмæ лæгъзæй кæй нæ цæуы, уый адæм раджы бамбæрстой. Уый тыххæй-иу загътой: «Хæрд кæм ис, уым уырдыг дæр ис», «Къæвдайы фæстæ хур бон кæны». Адæмы ахæм философон хъуыды йæхи ноджы тыхджындæрæй æвдисы мæнæ ацы æмбисонды дæр: «Фыдлæг æмæ фыдбон бирæ нæ хæссынц». Мæгуыр адæмы кæддæриддæр уырныдта, хуыздæр фидæн сыл кæй скæндзæн, хур сыл кæй ракæсдзæн, се 530
’фхæрджытæй кæй фервæздзысты. Уый тыххæй-иу дзырдтой, фыдлæг æмæ фыдбон бирæ нæ хæссынц, зæгъгæ. Ацы диалектикон хъуыдытæ æнахуыргонд рагон адæмæн сæ сæры æвзæрдысты сæ царды руаджы: сæ тыхст æмæ æфхæрд цардæй бæллыдысты хуыздæр фидæнмæ, сæ каст уыдис размæ; уый амонынц адæмæн се ’мбисæндтæ дæр: «Фидæн адджын кæмæн нæу!», «Цы уыдзæн» «цы уыдис»- æй фылдæр у», «Хорз - фидæны, æвзæр - ивгъуыды». Уыимæ се ’фхæрд æмæ сæ талынг цардæн кæрон кæй уыдзæн, йæ бынаты хуыздæр цард кæй ралæудзæн, ууыл адæм гуырысхо нæ кодтон, уымæн æмæ фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц, къæвдайы фæстæ хурæн æнæракæсгæ нæй. Афтæ раст æмбæрста æрдзы фæзындтæ æмæ æхсæнадон царды цаутæ уыцы рагон «философ», кæд бынтон æнахуыргонд уыд, уæддæр: йæ алфамбылай дуне æмæ адæмы цард уыдысты йе скъола æмæ йæ уыдон ахуыр кодтой афтæ хъуыды кæнын. Нарты кадджытæ куыд æвдисынц, афтæмæй рагон ирон адæммæ дуне касти хъулон æндæхты къуыбылойау алыхуызон æмæ æнæкæрон. «Уыцы къуыбылой нысан кæны дунейы сусæгдзинæдтæ: цас фæнды тырнай сæ базонынмæ,. базондзынæ дзы æрмæст хæрз чысыл», - загъта Бедуха. Ацы ныхæсты ис тынг арф философон хъуыдытæ, нырыккон наукон философийы амындмæ хæстæг чи лæууы, ахæм хъуыдытæ: дунейы «сусæгдзинæдтæн» кæрон нæй, базонæн сын ис, фæлæ сæ кæронмæ ничи базондзæн... Æппæт ничи зоны, зæгьгæ, амоны æмбисонд дæр. Нарты кадджыты дæр æмæ адæмон æмбисæндты дæр адæймаджы хъæздыгдзинæдты ахсджиагдæртыл нымад у зонындзинад. Дæ цæст алцæмæ дар, цас фылдæр фенай, уыйас фылдæр зондзынæ; ахъуыды кæн æмæ æрхъуыды кæндзынæ; цы нæ зоныс, уымæй искæй бафæрс. Ирон адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ, адæймаджы царды, Цард зоныны хъуыддаджы стыр ахсджиаг мадзал у æвзаг. Адæймагæн йæ зонд æмæ йæ хъуыды йе ’взагæй бæрæг кæнынц. Ирон адæм рагæй нырмæ дæр стыр аргъ кæнынц æндæр адæмты æвзаг зонынæн дæр: «Чи цал æвзаджы зона, 531
уал лæджы у», «Сæдæвзагджын - сæдæ зонды», - амонынц æмбисæндтæ. Зонындзинæдтæ адæймаджы къухы æнцон æмæ æнæфыдæбонæй не ’фтынц, хъæуы сыл фæллой, фыдæбон, архайын, кусын. Æмæ зонындзинæдты бындур кæд фыдæбон æмæзынкуыстсты,уæдстырзондыхицаудæрстыфæллойгæнæг адæм, уымæн æмæ кусгæ æрмæст уыдон кæнынц, сæ куыст æмæ сæ зонындзинæдты руаджы дæр æрмæст уыдоны бон у сæ алфамбылай дунейы «сусæгдзинæдтæ» базонын. Ирон адæм кæддæриддæр уæлдай стыр аргъ кодтой адæймаджы зондæн, адæмы æхсæн кадджын уыд зондджын адæймаг. Уыцы хъуыддаг бæлвырд зыны адæмæн сæ æмбисæндты: «бæстæ - хай, зонд - хай», «дунемæ ма бæлл, дунейы зондмæ бæлл», «зонд нæ дæлдон кæны, нæ йæ дымгæ хæссы, нæ йæ абырæг исы», «зонды фыдæй хæдзар сæфы», «зондджын йæ зондæй æфсæст у», «зондджын ныхас цæуаг у», «тыхæй тыхджындæр - зонд». Ирон адæмы æхсæн ахуырдзинад зынын куы байдыдта, уæдæй фæстæмæ сæм стыр нымад æмæ кадджын у ахуыргонд адæймаг. Рагон ирон адæймагæн кæд уыд дыууæ ахуыргæнæджы - цард æмæ адæм, - уæд ма сыл бафтыд иу ахуыргæнæг - чиныг. * * * Ирон адæмон сфæлдыстады раст æвдыст æрцыдысты Æхсæнадон царды рæзты закъонтæ æмæ фарстатæй бирæтæ. Ахæмтæ сты: фæллойгæнæг дзыллæты тыхст царды æмæ æфхæрддзинады ныхмæ лæууын царды социалон хъулондзинæдтæ æмæ эксплуатаци фесафынмæ бæллиц; адæймаджы фæллойæн кад кæнын æмæ æввонгхортыл худын; дин сæ зæрдæмæ арф нæ исын, сауджынтæ æмæ моллоты æдзæсгом митæ хурмæ хæссын... Ирон адæмон сфæлдыстады стыр бынат ахсы адæмы фæллой æвдисын, адæмы царды куыствæллойы стыр ахадындзинад æвдисын. Æрмæстдæр куыствæллойы руаджы ис скæнæн материалон æмæ культурон хæзнатæ æмæ хъæздыгдзинæдтæ. 532
Æнæ куыст цард æмæ амонд кæй нæй, уыцы раст хъуыдытæ бæлвырд æвдыст цæуынц адæмон æмбисæндты: «æнæ кусгæйæ цард мæй», «цард куыстæй у», «æнæ фыдæбонæй ницы ис», «куыст - цардæн фæрæз», «адæймаг кусынæй у», «куыст никуы сæфы», «куыстæн йæ сæр сындз у, йæ бын та - сой», «куысты дæ хид куы нæ рацæуа, уæд æхсæвæр адджынæн нæ бахæрдзынæ», «цард кусæг лæджы уæхскыл бады» æмæ æнд. Адæмы цард зæххæй кæй у, уый адæм æмбæрстой раджы заманæй фæстæмæ, - уымæн æвдисæн сты адæмон æмбисæндтæ: «адæмæн зæхх у сæ дарæг», «адæмы дарæг зæхх æмæ хур сты». Фæлæ зæхх дæр æнæ фыдæбон ницы дæтты: «зæхх куыстæй у», «чи кусы, уымæн ис», «зæххыл æввонгæй ницы ис», «зæхх йæ уæлæ хæс нæ уадзы», «зæхх куыст уарзы». Ирон адæм куыстæн рагæй нырмæ ахæм стыр аргъ кодтой уымæн, æмæ хæхбæсты уæззау уавæрты æрмæстдæр хъæбатыр куысты руаджы уыд æххормаг мæлæтæй аирвæзæн, магуса æввонгхортæ дæр кæддæриддæр уымæн афтæ æнад уыдысты фæллойгæнæг адæмæн. Рагон ирон адæймаджы дунеон цæстæнгасы сæйраг миниуджытæй иу у адæмы хъаруйыл зæрдæ дарын æмæ дзы ныфсджын уæвын, адæмы бон алцы дæр бакæнын кæй у, ууыл фидарæй æууæндын. Адæм раджы заманы дæр æмбæрстой, истори дæр æмæ æхсæнады материалон-культурон хæзнатæ дæр фæллойгæнæг адæм кæй аразынц, уый. Рагон æмбисæндтæ диссаджы бæлвырдæй æвдисынц ахæм стыр хъуыды, зæгъгæ, æмзонд, æмвæнд æмæ æмдых адæмæн тыхгæнæг тых не ссардзæн, сæ бон у алцыдæр бакæнын, хæхтæ афæлдахын, цыфæнды знаджы басæттын, æмæ уымæн зæгъы, зондамонæгау, рагон æмбисонд: «адæмимæ тыхæй ма хæц», «иумæйаг зондæй хох дæр кæлы», «иумæйаг тых дур дæр халы». Коллективы стыр хъару æмæ ахадындзинады тыххæй у сæ хъуыды мæнæ ацы æмбисæндтæн дæр: «адæм адæймаджы аразæг сты», «адæм кæй уарзой, уый хуыцау дæр уарзы», «адæм кæрæдзийæн хос сты», «адæм кæрæдзи фæрцы цæрынц», «адæммæ дын ницы фесæфдзæн» æмæ æнд. 533
Ирон адæмон сфæлдыстады карз тæрхон хаст цæуы, адæмимæ чи нæ цæры, йæ зонд, йæ митæ адæмы ныхмæ кæмæн сты, йæ архайд æхсæнады пайдайæн кæмæн нæу, ахæм адæймагæн, стæй ахæм иунæг адæймагæй æнамонддæр зæххыл ничи у, зæгъынц адæм: «Иунæгæй мæгуырдæр хъæды халон дæр нæу», «иунæг чындзæхсæвы дæр мæгуыр у», «иунæгæй хъæды маргъ дæр нæ цæры», «иу æхсидавæй арт нæй», «иу мыдыбындз чыргъæд нæ дзаг кæны», «иуæн дыууæ - æфсад». Фæлæ адæм афтæ дæр нæ зæгъынц, зæгъгæ, иу адæймаджы бон бынтон ницы у. Адæмы æмбисæндтæ куыд амонынц, афтæмæй «адæймаджы бон бирæ у», «адæймаджы цы бафæнда æмæ цы нæ бакæндзæн», «хорз адæймаг адæмæн царды хос у», «цæрдæг хосдзау иунæгæй дæр зиу у». Ахæм стыр аргъ кæнынц адæм æрмæстдæр хорз адæймагæн. Хорз та адæм куыд æмбарынц æмæ цавæр адæймаджы хонынц, уый бæрæг у сæхи æмбисæндтæй: «хорз адæймаг адæмæн царды хос у», «хорз лæг адæмæн иумæйаг у», «хорз лæджы алчи йæхи хоны», «хорз лæгæн йæ кой нæ сæфы», «хорз лæджы фæстæ мæргътæ дæр тæхынц». Æмæ адæймаг уыцы миниуджыты хицау у æви нæу, хорз у æви нæу, уый дæр адæм сæхæдæг базонынц: «чи цы у, уый адæм зонынц», «дæхи базонын дæ куы фæнда, уæд адæмы бафæрс». Адæм сæ хъуыды æмæ сæ цæстæнгас бæлвырдæй равдыстой, æвзæр миниуджыты хицау чи у, уыцы адæймæгты тыххæй дæр, стæй царды мидæг æвзæр æмæ æгадыл цы нымайынц, уыдоны тыххæй дæр, æмæ сын сæ тæрхон хæссынц се ’мбисæндты. «Хистауæг хифауæг у», «дыдзæсгом дывзагон у», «хæлæг мæлæт у», «хæлæг æмæ чъынды æфсымæртæ сты», «чъынды ма у æмæ цæрын фæразай», «хæрамы фос хæдзарыл нæ хæцы», «хуыснæггаг басы ад нæй», «давæггаг бæхыл дард нæ ацæудзынæ», «давæггагæй хæдзар никуы ничи сараздзæн», «къæрныхы фæстаг æлгьыст у», «хыл æнæбон кæны», «хылгæнæг фæсмонгонд кæны», «дам-дум - мæсыгхал», «гæртамхор хъæухор у», «гæды лæгæн - æргом цæф», «мæнгард лæгæй дардмæ лидз», «нымудзæг лæг куыдзы бæлæгъæй дон 534
нуазы», «дзæгъæлдзыхæн - над», «дзæгьæлдзыхæн йе ’взаг - ие знаг», «Дзæгъæлдзых - хæрæджы къахæй над», «нозт йæ кæнæгæн дæр нæ бары», «нозт йæ лымæны сæфтмæ тæры», «тамако хæйрæджы холлаг у». Нарты кадджытæм гæсгæ уыдонæй уæлдай адæймаджы æвзæрдзинæдтыл нымад сты: сыхаджы ауæдзæй кайын, тæрхон кæнгæйæ тыхджыны фарс хæцын, хи галæн - цъæх хос, цæдисы галæн - хъæмп дæттын, æнæмбал, æнæуазæг адæймаджы цард, мæрддзæстдзинад, кæрæдзи, чи нæ уарзы æмæ ратон-батон чи кæны, ахæм ус æмæ лæджы цард, бинонты астæу хъулон хæрд, хи лæджы сайын æмæ æндæр лæг дарын, мад æмæ фыды коммæ нæ кæсын æмæ сæ ’фхæрын æмæ æнд. Ацы миниуджыты хицау æмæ æвзæр митæ кæнджытæн карз тæрхон хæссынц адæм: се ’взæрдзинæдтæ æмæ тæригъæдтæ «зындоны фидынц». Адæмы æмбисæндты дæр æмæ нарты кадджыты дæр ноджы фылдæр ныхас цæуы адæймаджы фæзминаг миниуджытыл æмæ хорздзинæдтыл. Ирон æмбисæндтæм гæсгæ ахæмтæ сты: раст адæймаг («де знагæн дæр раст æвдисæн фæлæуу»); æнгом бинонтæ («æнгом бинонтæ цард арынц, æнгом цуанонтæ саг марынц», «фыдæххæл бинонтæн сæ бæркад сæфт у», («фыдæххæл бинонтæн сæ куыст фæсте зайы»); хорз æфсин («бинонтæн се ’нгомдзинад се ’фсиныл баст у», «хорз æфснн иу бонæн нæу», «хорз æфсинæн йæ цæст тæраз у, йæ дзырд - адджын»); мад æмæ фыдæн аргь кæнын («мад æмæ фыдæй зынаргъдæр ницы ис»), цот нывыл хъомыл кæнын («буцхаст къулбадæг кæны, къулбадæг магуса кæны, магуса та сæфтмæ цæуы», «буц ахуыр ма скæ дæ байзæддаджы: æрæджиау дæ азымы дардзысты»; «фыдцот ныййарджытæн фыдниз, адæмæн - фыдбылыз»); бинонты æхсæн æфсæрмыдзинад («дæ чындзмæ куыд уайсадай, афтæ дæм уайсаддзæн»); ус курын æмæ ус æмæ лæджы уарзон цард («лæппуйæн йæ амонд - хорз ус ссарын», «усы хорз лæгыл дæр зыны», «иу усæн йæ лæджы ауындзæнмæ фæцæйкодтой, æмæ йæ уый та фæдзæхсгæ кодта: «йæ бæрзæйыл бызычъи ис æмæ йын æй ма фæриссын кæнут», 535
«ус исæг - уд исæг», «ус æмæ лæг сæ кæрæдзи куынæуал æмбарой, уæд сæ цард хæлд у»); «сылгоймагæн аргъ кæнын («бæсты фидыц - сылгоймаг», «нартæ сылгоймаджы æфхæрд никæмæн барстой»); уарзондзинад («цард уарзондзинадæй фидауы», «уарзондзинад кæм ис, амонд дæр уым ис», «уарзондзинад мæгуыр æмæ хъæздыгыл нæу», «уарзондзинад тыхыл нæу»); æмбал æмæ лымæн («хорз æмбал хорз вæййы», «хъæуæн галæй хъæуæн лымæн хуыздæр у»); ахуырдзинадæн аргъ кæнын («дунейы рухс - хур, адæймаджы рухс - ахуыр», «чиныг сур гæххæтт у, фæлæ йæ хъуыды бирæ у», «чиныг чи кæсы, йæ хъуыды йын уый æмбары»); рæстдзинад («рæстдзинады хуызæн дзы ницы ис», «рæстдзинад иутæн цæф у, иннæтæн - цæсты рухс», «рæстдзинад дæлдон нæ кæны», «рæстдзинады цæсты раз чи райгуыра, уымæн сæфæн нæй»); сæрибардзинад уарзын («кæнæ - сæрибар, кæнæ - мæлæт», «цагъайраджы бæсты мæлæт хуыздæр у»); цард уарзын æмæ йын раст аргъ кæнын («цард адджын у», «цард куыстæй у», «цард тохæй у», «цард кусæг лæджы уæхскыл бады»). Ахæм хъуыддæгтæ æмæ адæймаджы миниуджытæ афтæ бæрзонд æвæрд цæуынц нарты кадджыты дæр. Æмæ рагон æмбисæндтæй дæр æмæ нарты кадджытæй дæр ам кæй æрхастам, уыдон адæмы æвдисынц диссаджы рæсугъдæй моралон æмæ этикон æгъдауæй. Ирон адæмон сфæлдыстады реалон хуызты бæлвырд æвдыст æрцыдысты, адæм рагæй фæстæмæ дæр сациалон æгъдауæй æмхуызон кæй не сты, сæ уавæрмæ гæсгæ хицæн къордты кæй дихтæ кæнынц, се ’хсæн кæддæриддæр быцæу кæй цыд, фæллойгæнæг адæмæн се ’ фхæрæг хъæздгуытæ æмæ æлдæрттæ кæддæриддæр æнæу ынон кæй уыдысты; æвдыст дзы æрцыд, фæллойгæнæг адæм сæ маст куыд нæ урæдтой се ’фхæджыты ныхмæ. Æлдæртты дуг ирон адæм æнусты дæргъы нымадтой æнамонд æмæ æлгъыст дугыл, сæ цард - æфхæрд æмæ хъизæмар цардыл. Хъæздгуытæ æмæ мæгуыр адæмы æхсæн рагæй нырмæ цыахастдзинæдтæ уыд, æлдæрттæ куыд æфхæрдтой мæгуыр адæмы, уыцы хабæрттæ нын адæмы цыбыр ныхæстæ — 536
аембисæндтæ, историйы документтау, æрхæццæ кодтой абоны онг. Адæмон æмбисæндтæ бынтон бæлвырд æмæ раст æв- дисынц, æлдар цавæр адæймаг у, уый: «æлдар фыдлæг у», «æлдæрттæн сæ цæст не ’фсæды; дзæнæты хуссар дæр сæм уынгæг кæсы», «æлдары хъалонæй сæр гуыбыр кæны», «иу æлдар, дам, йæхинымæры зарыдис æмæ, дам, йæ адæмы ныц- цагьта: цæуылнæ, дам мын бахъырныдтат». Адæм рагæй фæстæмæ æмбæрстой царды хъулондзинæдтæ, уыдтой се ’фхæрæджы æмæ йын кæд йæ тых дæр зыдтой, уæддæр æгуыдзæг æмæ гоби никуы уыдысты се ’фхæрджыты раз, никуы фидыдтой семæ, хаттæй-хатт-иу сæ ныхмæ æргом тохы бацыдысты, уымæн æмæ æфхæрд æмæ цагъар цардæй мæлæт хуыздæрыл нымадтой. Мæгуыр адæмы рæстдзинад искæд кæй фæуæлахиз уызæн, уыцы хъуыды æвдыст цæуы нарты кадджыты æрчъиаг дзабыр æмæ сæрак дзабыры символикон ерысы хуызы. Фæстагмæ æрчъиаг дзабыр фæуæлахиз сæрак дзабырыл - сбырыд бæласæн йæ цъупмæ, сæрак дзабыр та йæ быны баззад. «Ахæм заман æрцæудзæн, æмæ сау адæм уæздан адæмыл фæтых уыдзысты, сæ разæй фæуыдзысты», - ахæм у дзабырты ерысы стыр хъуыды, ома адæмы бæллиц, адæмы æууæндындзинад сæ фæуæлахизыл, сæ фидæны амондыл, рæстдзинадыл. Хуыздæр фидæныл адæм рагæй дæр кæй æууæндыдысты, уыцы хъуыды нарты кадджытæ æвдисынц ноджы бæлвырддæр: ахæм рæстæг æрцæудзæн, æмæ адæм суыдзысты сæрибар, дуне суыдзæн адæмæн гом дуар. Тынг рагон чи нæу, æхсæнады социалон ныхлæуддзинæдтæ куы скарз сты, уæд чи равзæрд, уыцы æмбисæндты ноджы бæлвырддæр зынынц адæмы оптимистон хъуыдытæ æмæ цæстæнгас, адæм хуыздæр фидæныл фидар кæй æууæндынц, паддзæхтæ кæй нал уыдзысты, адæм кæй ссæрибар уыдзысты, Уыцы хъуыдытæ. Уыимæ æмбисæндтæ æвдисынц, зæгъгæ, адæм куы ссæрибар уой, уæд сæ сæрибардзинад кæй никуыуал сУадздзысты сæ къухæй, уымæн æмæ «æфсондзæй чи феуæгъд 537
уа, уый фæстæмæ æфсондзы бынмæ нал баздæхдзæн», йе ’ппæт тыхтæй дæр тох кæндзæн йæ сæрибар цардыл, йæ амондыл. Адæмæн се сфæлдыстады, уæлдайдæр та нарты кадджыты, куыд бæрæг кæны, афтæмæй бæллиццаг фидæн кæд тынг дард уыд, уæддæр æй рагон адæм сæ бæллицты уыдтой бæлвырд æмæ йæ сæ уацмысты æвдыстой, адæймаджы цæстытыл чи ауайы, ахæм бæлвырд нывты. Уыцы рагон нывтæ куыд æвдисынц, афтæмæй фидæны царды бындур уыдзæн рæстдзинад, цардæй фесæфдзысты хъулондзинæдтæ, адæм уыдзысты сæрибар, æмхуызон; хуымæтæг лæгæй, уæзданæй, гыццылæй, стырæй - алмæмæн дæр уыдзæн æмхуызон царды фæрæзтæ, алкæмæн дæр алцыдæр уыдзæн фаг. Æмæ рагон ирон адæм сæ фантазийы цы рæсугъд фидæны ныв арæзтой, уый кæд наукон философийы фидæны нывмæ дард у, уæддæр уыцы хъуыддаг адæмы æвдисы стыр оптимисттæй, амондджын фидæны æрцыдыл чи æууæндыди, ахæмтæй. Адæмы философон хъуыды, сæ зондахаст æмæ дунеон цæстæнгас иттæг тыхджын æвдыст цæуы адæмæн сæ дины, хуыцæуттыл æууæндындзинады дæр. Иннæ адæмтау, рагон ирон адæм дæр сæхицæн скодтой хуыцæуттæ æмæ дауджытæ æмæ сын куывтой. Уыцы хуыцæуттæ æмæ дауджытæ сæ хуыз æмæ сæ миниуджытæй уыдысты зæххон адæймаджы хуызæн, фæлæ цардысты хæхты бæрзæндты кæнæ уæлæрвты. Уыдонæй алчи дæр уыд адæмы царды исты вазыджы бардуаг, адæмæн сæ царды ахсджиагæй цы уыд, уыдæтты хицау: фосы Фæлвæра, хоры Уацилла, цуаны æмæ сырдты бардуаг Æфсати, бæлццæтты æмæ æфсæддонты бардуаг Уастырджи æмæ æнд. Уыимæ зæххыл адæмы æхсæнад куыд конд уыд раджы заманы æмæ куыд ивгæ цыд, уæларвон зæдты æхсæнад дæр уыд раст афтæ арæзт æмæ афтæ ивгæ цыд: адæм сæ уавæртæм гæсгæ раджы кæддæр уыдысты æмхуызон, фæлæ куыдфæстæмæ дихтæ кæнын райдыдтой хицæн социалон къордтыл, феодализмы дуджы адæмы æхсæн равзæрдысты хъæздгуытæ, æлдæрттæ, фæстагмæ - паддзах дæр. Уæларвы 538
дæр хъуыддæгтæ раст афтæ рауадысты: уыцы æппæт зæдтæ æмæ дауджыты сæгъы фæстагмæ æрбадт, «æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг хуыцау» - раст зæххыл паддзах куыд уыд, афтæ. Афтæ ирон адæмæн фыццагуыди бирæ хуыцæуттæ (политеизм) фæстагмæ та сын сси сæйраг хуыцау иу (монотеизм). Рагон ирон адæмы диныл æууæндындзинадмæ хæццæ кæны фетишизм (бæлæстæй, дурты цæндтæй æмæ æндæр предметтæй дзуæрттæн бынæттæ аразын æмæ сæм кувын), анимизм (адæймаджы амæлыны фæстæ йæ уд мæрдты бæсты цæрдзæн, зæгъгæ, ууыл æууæндын), дæсныфæрсджытыл, кæлæнгæнджытыл æмæ цæстыгæнджытыл æууæндын æмæ æнд. Ирон адæммæ абон дæр ма дин бынтон сæфт нæма у, бæрæгбонтæй ма кæнынц иуæй-иутæ. Фæлæ уæддæр зæгъын хъæуы, ирон адæм раджы заманы дæр диныл тынг иузæрдион кæй нæ уыдысты, уый тыххæй. Дин рагæй нырмæ архайы, цæмæй адæймаг æууæнда, мæрдты бæсты дзæнæт æмæ зындон æцæг кæй сты, ууыл æмæ цæмæй алчидæр архайа дзæнæтмæ бахауыныл, - уымæн æмæ, зæгъы, уым ис, уæлæуыл чи нæй æмæ саразæи дæр кæмæн нæй, ахæм диссаджы хорз цард. Нарты кадджыты ис ахæм хъуыдытæ, кæцытæ комкоммæ лæууынц, дин дзæнæты цард куыд æвдисы, уый ныхмæ. Нарты Сослан аза-бæласы сыфтæ агурæг мæрдты бæстæйы бахæццæ дзæнæтмæ; доны был лæгъз фæзы симынц рæсугъд чызджытæ. Расимын кодтон Сосланы дæр. Сослан нæрæмон кæм нæ уыдис æмæ симгæ-симын чызджы цонг фелхъывта, чызг ын «йæ базыгыл фæхæст ис æмæ йæ ныззыввытт ласта стыр доны астæумæ». Систа йæ донæй чызг йæхæдæг æмæ йын афтæ зæгъы: «Уæлæ дунейы куыдтæ фæкæныс, ам афтæтæ кæнæн нæй». Сослан сæххормаг æмæ чызджытæм дзуры, исты мын бахæрын кæнут, зæгъгæ. «Ам лæуу æмæ æнæхæрдæй Цæрдзынæ, - дзуапп ын радтой дзæнæты чызджытæ. - Хæргæ æмæ нуазгæ кæм нæ кæнынц, уыцы бæстæ мæн ницæмæн хъæуы, - загъта Сослан æмæ араст ис дарддæр йæ фæндагыл - нæ ныллæууыд дзæнæты». Æмæ кадæг дарддæр куыд æвдисы, 539
афтæмæй дзæнæты цæрæг удтæй иу дæр нæ ныллæууид уым, уæлæмæ сын рацæуæн куы уаид, уæд. Сослан мæрдты бæстæй фæстæмæ куы цыд, уæд Бедухайы амындмæ гæсгæ йæ бæхы цæфхæдтæ фæдфæливынæн ныссагъта фæстæрдæм æмæ афтæмæй раирвæзтис мæрдты бæстæй, мæрдтæ ныххæррæтт кодтой йæ фæдыл, фæлæ бæхы фæд мидæджырдæм здæхт у, уый куы федтой, уæд загътой, уый нæхирдæм æрбацыдис, зæгъгæ, æмæ сæ алчи йæ бынатмæ ацыдис. Ацы кадæджы ныхæсты ис стыр хъуыды: хæрæн æмæ нуазæн, уарзæн æмæ кусæн кæм нæй, уыцы дзæнæты цард ницы у, - уымæй хуыздæр у, уыдон кæм сты, уыцы уæлæуыл цард. Уыцы хъуыды та комкоммæ лæууы дины ныхмæ: дин адæмæн зæрдæ æвæры хорз цардæй дзæнæты, мæрдты бæсты, «æцæг дунейы», - уæлæуыл царды сын сæ туг чи цъиры, уыдоны ныхмæ цæмæй мацы дзурой сæ цард фæхуыздæр кæныны сæраппонд, уый тыххæй. Адæмы зонд раджы дæр дины ныхмæ арæзт кæй уыди, уый бынтон тыхджын зыны, нартæ хуыцæуттимæ тохы куы сыстадысты, уыцы ран. Нартæ сæ дуæрттæ бæрзонд сарæзтой, цæмæй сæ сæ сæртæ гуыбыр кæнын ма хъæуа, æмæ хуыцау, мæнæн кувынц, зæгьгæ, æнхъæл ма уа. Хуыцау смæсты ис нартæм æмæ сæ ралгъыста: «уæ боны куыст иу голлагæй фылдæр ма кæнæд!...» Фæлæ хин æмæ æрхъуыдыджын нартæ «ныхъхъуыды кодтой æмæ бон æрмæст иу уыгæс най кæнын райдыдтой, æмæ сæм алы уыгæсæй дæр цыдис иу голладжы дзаг, мæкъуылæй та - дæс голладжы». Хуыцау куы базыдта нарты хин, уæд та сæ ног ралгъыста, «æмæ сæ хуымтæ бон цъæх кодтой, æхсæв та-иу кæрдинаг сысты». Фæлæ-иу æхсæв дæр куы ацыдысты сæ хортæ кæрдынмæ, уæд дæр-иу цъæх фестадысты. «Уæд сарæзтой сæ хуымты цур халагъудтæ æмæ дардтой сæ фæтты фындзтыл саджил æрцытæ æмæ-иу хорты уымæй фехстой, æмæ-иу уыцы саджил арц кæй алыг кодта, уый-иу райсоммæ дæр баззадис цæттæ æфсирæй». Афтæ разагъды нартæ хин æмæ зондæй тых кодтой «æппæтхъом» тыхджын хуыцауыл. Ирон адæм рагæй фæстæмæ дæр диныл иузæрдиан кæй нæ уыдысты, уымæн æвдисæн у, чырыстон дин æмæ ислам ирон 540
адæмы æхсæн арф уидæгтæ кæй нæ ауагътой æмæ кæй нæ ныффидар сты, уый. Кавказы адæмты дины хъуыддæгтæм дæсны уыд уырыссаг ахуыргонд А. М. Шегрен; уый суанг 1847 азы ирон адæмы тыххæй фыста: «...религия здесь остановилась не на высокой ступени набожности, мужчины слабо ее придерживаются, женщины еще слабее... они никогда не бывают в церквах». Нæ уыдис тыхджын ирон адæммæ пысылмон дин дæр, бæстон нæ зыдтой араббаг пехуымпары закъонтæ, нæ рох кодтой сæ рагон муртат дин. «Религия Магомета, проникшая в Осетию из Кабарды, коснулась осетин также поверхностно, как древнее христианство», - фыста В. Миллер. Ирон адæм динмæ цы цæстæй кастысты, уый бæрæг у, сауджынтæ æмæ моллоты тыххæй адæмæн сæхимæ цы ныхæстæ æмæ æмбисæндтæ ис, уыдонæй дæр. Уыцы дины кусджыты адæм сæ уацмысты æдзухдæр æвдисынц æнад æмæ æвзæр миниуджыты хицау адæймæгтæй: зыд, кæрæф, æнæфсис, фыдгуыбын, сайæгой, фæлывд, дыдзæсгом, мæлгъæвзаг æмæ маргзæрдæ, моралон æгъдауæй хæлд адæймæгтæй. Мæнæ сауджыны миниуджытæ чи ’вдисы, ахæм адæмон æмбисæндтæ: «сауджын адæмæн ком дарын кодта, йæхæдæг та ком нæ дардта»; «сауджын йæхæдæг дæр фембары, адæмы кæй сайы, уый»; «рын куыста æмæ сауджынæн», «сауджынæн авд гуыбыны ис - ницæмæй æфсæды»; «сауджын хъæуæй куы ахизы, уæддæр ма фæстæмæ фæкæсы, кæд мын исчи мæ фæдыл исты рахæссы, зæгъгæ». «Моллойы зарæг- дзыллæйы сайæг». Дины кусджыты адæм уæларвæй зæхмæ минæвæрттыл кæй нæ нымадтой æмæ-иу сыл арæх нæмынæй дæр кæй нæ ауæрстой, уый хорз зыны адæмы æмбисонды: «сауджыны куы нæмай, уæд истæй хуызæн: хæсгæ куыд фæуа». Куыд федтам, афтæмæй ирон адæммæ раджы дæр фидар нæ уыд дин, афтæмæй ма ныр дæр кæнынц хистытæ, хист та равзæрди динæй, æмæ уыимæ адæм тынг хорз æмбарынц, мæрдты бæсты хæрæн кæй нæй, мардæн кæй ныррухс кæнынц, Уыдонæй уымæн кæй ницы пайда ис, хист кæнынц, тынгдæр 541
уымæн æмæ алчи дæр тæрсы «худинагæй», никæмæ разыны хъару уыцы рагон æгъдау фехалынæн. Афтæмæй та хист кæнын рагæй дæр стыр зиан хаста адæмæн. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц адæм се ’мбисонды: «хистгæнæг сыдæй амарди». Адæмы æхсæнадон зондахасты æмæ философон цæст- æнгасы ахсджиагдæр хæйттæй иу у патриотизм, райгуырæн бæстæ уарзын æмæ знагæй хъахъхъæнын. Уый у адæмы иттæг рагондæр æмæ æппæты зынаргъдæр миниуджытæй иу. Патриотизм равзæрди, адæмтæ нацитæ дæр куы нæма сысты, суанг уыцы рæстæджы. В. И. Ленин фыста, зæгъгæ, патриотизм у «одно из наиболее глубоких чувств, закрепленных веками и тысячелетиями обособленных отечеств». Райгуырæн бæстæ куыд адджын у, уый тыххæй адæмон æмбисонд афтæ зæгъы: «Йæ райгуырæн бæсты чи нæ цæры, уый царды ад нæ зоны». Иннæ адæмтау, ирон адæмæн дæр патриотизм у сæ рагондæр æмæ ахсджиагдæр миниуджытæй; нæ рагон фыдæлты зæхмæ раджы замантæй фæстæмæ æппынæдзух бырстой алыхуызон æддагон лæбурджытæ. Истори куыд æвдисы, афтæмæй ирон адæм раджы заманты иу æмæ дыууæ хатты нæ тох кодтой цыфыддæр знæгтимæ сæ бæстæ, сæ кад æмæ сæ цæсгом хъахъхъæныны сæраппонд, æмæ-иу цыфæнды фыд знагыл дæр фæуæлахиз сты. Уыцы æцæг хабæрттæ аив уацмысы обрæзты иттæг тыхджынæй равдыстой ирон адæм сæ кадджыты. Нарты бæстæ йæхæдæг у, басæттæн кæмæн нæй, цыфæнды тыхджын æддагон знаджы раз дæр йæ зонгуытыл чи не ’рлæудзæн, ахæм райгуырæн бæстæйы обрæз. Уый тыххæй афтæ загъта профессор Абайты Васо: «Нарты - это мир, где не признают над собой никакого гасподства и силы, где легче расстаются с жизнью, чем со свободой и привольем». Нарты бæстæм арæх лæбурынц алыхуызан уæйгуытæ - æддагон знæгтæ. Разагъды Батрадз семæ карз тохы бацæуы, ныццæгъды сæ æмæ фервæзын кæны йæ бæстæ, ссæрибар кæны йæ адæм. Акула - рæсугъд Батрадзæн бакуымдта æрмæстдæр уæд, æмæ йын йæ фыдыфыд Уоны æвдсæрон уæйыг Хъæндзæргæсы цагъарæй куы фервæзын кодта. Кæд 542
æгьдаумæ гæсгæ æмбæлы, уæддæр Сосланы ус нæ сыстад Айсанайæн. Йæ уайдзæфæн ын ус афтæ зæгъы: «Цы дын стон, мæ хур, исты мын Агуыры æфсæдты куы нæ аздæхтай Нартæй». Айсана знаджы æфсæдты ныццагъта æмæ Нарты бæстæ фервæзын кодта. Нæртон сылгоймаг йæ фырты мардыл нæ кæуы æмæ йæ нарты уæлмæрдты кадимæ баныгæнын нæ уадзы, кæд, знаджимæ хæцгæйæ чъылдымырдыгæй мард фæци, уæд. Нарты гуыппырсартæ дард балцы куы вæййынц, афтæмæй нартмæ знаджы æфсæдтæ куы æрбабырсынц, уæд нартæн сæ чындздзон чызджытæ скæнынц нæлгоймаджы дзауматæ, райсынц хæцæнгæрзтæ æмæ семæ хъæбатыр тох кæнынц æмæ сæ басæттынц. Ахæм тохы нывты равдыстой ирон адæмы рагон фыдæлтæ се стыр уарзондзинад сæ райгуырæн бæстæм, сæрибарадмæ. У ыцы стыр тохы нартæ знагыл æдзухдæр кæй уæлахиз кæнынц, састы бынаты кæй никуы баззайынц, гъе уымæн йæхи мидæг дæр ис адæмы патриотон стыр æнкъарæн. Кæнæ сæрибар, кæнæ - мæлæт, - афтæ хъуыды кодтой адæм кæддæриддæр, æмæ уыцы стыр хъуыды тыхджынæй равдыстой сæ кадджыты дæр. Адæмон сфæлдыстадæй куыд бæрæг кæны, афтæмæй ирон адæмы рагондæр æмæ хуыздæр миниуджытæй иу у æндæр адæмтæм хæлар зæрдæ дарын, семæ уарзонæй цæрын. Нарты кадджытæм гæсгæ, ирон адæм рагæй фæстæмæ сæ царды фæндæгтыл арæх æмбæлдысты алыхуызон адæмтыл, хатгай-иу сæм загъ д æмæ тох дæр рауад, фæлæ-иу кæддæриддæр кæрæдзи бамбæрстой æмæ-иу фæстагмæ хъуыддаг рахызт фидыдмæ, хæлармæ, суанг тугхæстæджытæм... Æмæ незаманы адæмты æхсæн хæлардзинад кæд бынтон афтæ тыхджын нæма уыд, уæддæр æм бæллыдысты, æмæ сæ уырнгæ дæр кодта, «ахæм рæстæг кæй æркæндзæн, æмæ æцæгæлон адæмтæ кæрæдзимæ æфсымæртæй æнгомдæр суыдзысты, алы мыггæгтæ æфсымæртау хæларæй цæрдзысты, æрвадæлтæй лымæндæр бауыдзысты». Нарты кадджыты аДы ныхæстæй бæлвырд кæны, адæм раджы заманты дæр сæ зæрдæйæ кæй æмбæрстой, адæмты æхсæн хæлардзинад 543
фæстагмæ иттæг кæй стыхджын уыдзæн; æмæ сæ хъуыды раст кæй уыд, уымæн æвдисæн у, нæ Цæдисы бирæ адæмтæ цы хæлар æмæ уарзон цардæй цæрынц, уый, æмæ сын уый стыр æххуыс кæй кæны, нæ рагон фыдæлтæ сæ аргъæутты кæмæ бæллыдысты, уыцы райдзаст æмæ амондцжын цард аразыны хъуыддаджы. Алыхуызон адæмты æхсæн хæлардзинады мотивмæ хæстæг лæууы гуманизмы мотив; ирон адæмон сфæлдыстады арæх уацмысты геройтæ сæхи хъуыддаджы разæй æххуыс кæнынц тыхст адæймагæн, æфхæрд адæмæн. Иуафоны, зæгъы, Сослан дард бæстæйы афæдз балцы куы уыд, ахæм заманы, хæрам æм чи уыд, уыдон ын сфæнд кодтой йе нæныййарæг мад Сатанайы цæрдудæй мæрдтæм барвитын, зындоны цады ныппарын. Сослан фæдисхъæргæнæг зæрватыккæй куы фехъуыста хабар, уæд ратагъд кодта йæ мигъæмдзу бæхыл йæ мады мæлæтæй фервæзын кæнынмæ. Цæуы, тындзы, фæлæ мæнæ иу мæгуыр лæг фыр стонгæй фæндагыл ныффæлдæхт. Сослан тагъд куыд нæ кодта, фæлæ хъæдмæ фæзылд, æрдавта саджы мард, арт акодта, физонджытæ ацæттæ кодта æмæ æрмæст уæд атындзыдта йæ фæндагыл дарддæр. Цæуы, æмæ та уартæ иу цæргæс йæ дзæмбыты рахæссы мæгуыр сидзæргæсы сывæллоны; Сослан фат фехста, амардта цæргæсы æмæ фервæзын кодта сидзæргæс усы иунæг фырты, стæй та араст йæ тагьд фæндагыл. Фæлæ фæндагыл фæстиæттæ кæй кодта, уый тыххæй йын йæ бацыдмæ йæ мад Сатанайы зындоны цады ныппæрстой. Сослан бацыд мæрдты бæсты хицау Барастырмæ йæ мады курынмæ. Барастырмæ бахъардтой, Сослан фæндагыл цы хорздзинæдтæ бакодта, уыдон æмæ йын радта йæ мады, рауагъта Сатанайы мæрдты бæстæй. Нарты æхсæн стыр бæрзонд æвæрд æмæ кадджын у сылгоймаг. Стыр аргъ кæнынц нартæ разагъды Сатанайæн, зондæй йæ фæрсынц, иу æмæ дыууæ хатты сæ нæ ирвæзын кæны тыхст заманы. Нарты кадджыты скæнæг адæмы философон æмæ моралон-этикон хъуыдытæ æвдисæг ныхæстæ арæх фæзæгъы 544
нæлгоймаг нæ, фæлæ нартæн сæ сылгоймæгтæй исчи, арæхдæр Та Сосланы ус Бедуха; ахæм философон хъуыдытæ уæлдай бирæ ис «Сослан мæрдты бæсты», зæгъгæ, уыцы кадæджы, æмæ сæ Сосланæн амоны йæ ус Бедуха. Нарты æхсæн стыр фыдраконддзинадыл нымад у сылгоймаджы бафхæрын, æмæ йæ никæмæн барынц. Нартæ сæ хуыздæр хæзнатæй иу балæвар кодтой Батрадзæн, сылгоймагæн кад æмæ æгъдау кæй кодта, уый тыххæй. Нарты кадджыты бæрæг зыны, адæм хицæн класстыл дихтæ куы райдыдтой, уæдæй фæстæмæ сылгоймагмæ нæлгоймаджы бартæ кæй нал уыд, уыцы хъуыддаг дæр: «...æрцæудзæн ахæм рæстæг, нæлгоймаг æмæ сылгоймаг æмбартæ кæд суыдзысты, нæлгаймаджы сæрыл кæд нал уыдзæн хъуыддаг». Адон сты сылгоймаджы ныхæстæ, Бедухайы ныхæстæ, æмæ æвдисынц, æппæт адæмтау, рагон ирон сылгоймаг дæр куыд бæллыдис хуыздæр фидæнмæ, æмæ йæ зæрдæ куыд дардта, искуы сылгоймаг дæр нæлгоймаджы фарсмæ йæ бынат кæй æрцахсдзæн, кæй суыдзæн уый æмбар адæймаг. Адæмы цæсты кæддæриддæр тынг кадджын уыдысты адæймаджы моралон-этикон миниуджытæ. Нарты кадджыты иу ран ныхас цæуы ахæм хабарыл. Сослан фæцæуы йæ бæхыл. Кæсы, æмæ иу ран йæ фæндагыл рифтæгтæ. Цас сыл фæцархайдта нарты гуыппырсар сисыныл, фæлæ йын фезмæлын дæр нæ бакуымдтой. «Куыд сæ хъуамæ сфæрæзтаис! - загъта йын Бедуха. - Уыцы рифтæгтæ сты адæймаджы хорздзинæдтæ». Гъе, афтæ бирæ æмæ ахæм уæзджын сты адæймаджы хорздзинæдтæ, йæ миниуджытæ. Нарты кадджыты дæр æмæ адæмы æмбисæндты дæр адæймагæн кад лæвæрд цæуы йæ мулчы фæрцы нæ, фæлæ йæ митæ, йæ миниуджыты фæдыл. Ирон адæмон сфæлдыстады стыр бынат ахсынц æмæ у æлдай хорзыл нымад сты ахæм моралон миниуджытæ: рæстдзинад, æгъдау, намыс, адæймаджы рæстад, зæрдæхæлардзинад, рæдаудзинад, уазæгуарзын, дыууæ бинойнаджы æхсæн уарзондзинад æмæ кæрæдзийыл зæрдæ нæ ивын, раст тæрхон 35 545
кæнын, хистæрæн æгъдау дæттын, ныййарджыты коммæ кæсын æмæ æнд. «Нарт нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинады йеддæмæ куы ницы ирвæзти», - афтæ загъд ис кадджыты. Рæстдзинад агурын кæддæриддæр адæмæн уыди сæ зондахасты ахсджиагдæр миниуæг. Рæстдзинад адæймаджы никуы фæсайдзæн, рæстдзинады фæндаг адæймаджы амондмæ цæуы, рæстдзинадыл хæст адæймаг хъæздыг у, - ахæм стыр аргъ кæнынц адæм рæстдзинадæн. Ирон адæмон сфæлдыстады æгадыл нымад сты фæливын, сайын, дыдзæсгомдзинад, цæстмæхъус митæ, мæнгарддзинад, гадзрахатдзинад, æууæнкхор, хæрамдзинад, гæртамхор, хицæй æппæлын, расыг кæнын, зивæг, æввонгхор... Адæм кæддæрид- дæр карз тæрхон хæссынц уыцы æвзæрдзинæдтæн. Гæртам- хоры адæм хонынц «цъыфхор». Æгад у расыггæнаг адæймаг. «Адæмтæ хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дæрдтыл уæд хъуыст Нартæн, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой; сæ мæрдты къоти куы нæ калдтой нозт æмæ хæрдыл; æнæ- гъдау фыр нозтæй се ’фсарм куы нæ сæфтой, сæ зонд, се ’хсар куы нæ састой». Уæлдæр цы хорз æгъдæуттæ æмæ фæзминаг миниуджыты кой кодтам - адæмы сæраппонд цард дæттын, æгъдау æмæ уæздандзинад, рæстдзинад дзурын, сылгоймагæн æгъдау кæнын, нозтæй хиуыл хæцын, хи кад æмæ цæсгом хъахъхъæнын æмæ бирæ æндæр хорз миниуджытæ адæмы æхсæн фидар кодтой æнусты дæргъы, æмæ хъуамæ абон дæр нæ адæм, уæлдайдæр та фæсивæд, ноджы фидардæрæй хæцой уыцы хорз миниуджытыл, карздæрæй тох кæной æвзæрдзинæдты ныхмæ. Диссаджы аив æвдыст цæуынц кадджыты нартæн сæ эстетикон æнкъарæнтæ дæр. Нæртон адæм, иуæй, сты карз æмæ æнæхатыр хæстонтæ, иннæмæй та - диссаджы дæсны фæндырæй цæгъдынмæ, зарынмæ, кафынмæ. Джебогъ æмæ фæндыр сты нæртон адæмы дывæлдых нысаниуæг. Адæймаджы зæрдæмæ тынгдæр хъары нартæн сæ фæндыры 546
цагьд. Ацæмæз йæ диссаджы сызгъæрин сауæфтыд уадындзæй куы ныззары, уæд æрдз райхъал вæййы, æнусон цъититæ тайын байдайынц, быдыртæ рæсугъд дидинæгæй байдзаг вæййынц, мæргътæ зæллангæй фæхъырнынц Ацæмæзæн, хъæды сырдтæ кафыныл схæцынц, «Уалдзыгон хур йæ рæсугъд цæстæй æгас дунемæ хъæлдзæгæй ракæсы, дуне сног, срæсугъд вæййы... Аивад адæймаджы кæны уындджын æмæ æгъдауджын, йæ зæрдæ йын кæны рухс, йæ цард ын кæны аив æмæ зæрдæмæдзæугæ,-афтæ æмбарынц адæм аивады ахадындзинад сæ царды, афтæ сты сæ эстетикон æнкъарæнтæ. Цард бæстондæр æмæ хуыздæр базонынмæ тырнын, рæстдзинады сæраппонд хуыздæр фидæнмæ бæллын, ууыл тох кæнын - афтæ уыдысты адæмы цæстæнгас æмæ зондахасты сæйрагдæр миниуджытæ. Уыцы миниуджытæн се ’ппæты дæр бæлвырд фенæн ис ирон адæмæн се сфæлдыстады, уæлдай тынгдæр та сæ хуыздæр æмæ сæ уарзондæр уацмысты - нарты кадджыты æмæ се ’мбисæндты. -<©$©>— 547
В. Ларина ГОРÆТ ОРДЖОНИКИДЗЕ Орджоникидзейы горæт у Кавказы горæтты рæсугъддæртæй иу. Æрдхæрæны Терчы фæйнæ фæрсты адаргъ сты рæсугъд уынгтæ, зæрдæмæдзæугæ йæ кæнынц парктæ, цæхæрадæттæ, бульвартæ. Горæты цæрджыты уарзондæр бынат у Хетæгкаты Къостайы номыл æмбисонды фæлладуадзæн парк. Тынг рæсугъд у горæты алфамбылай æрдз. Ирд бон æм хорз зыны алæмæты Сæнайы хох. Орджоникидзейы горæты истори æнгом баст у Уæрæсе æмæ Кавказы ахастдзинæдты историимæ. 1783 азы Гуырдзы баиу Уæрæсеимæ, æмæ сæ уæд агурын бахъуыд бастдзинады фæрæз. Æмæ уый тыххæй Дайраны комы райдыдтой Фæскавказмæ фæндаг аразын. Фæндаг хъахъхъæныны тыххæй уыцы азы кæрон Терчы рахизфарсы сарæзтой цалдæр фидары. Æппæты тыхджындæр фидар хъуамæ сæхгæдтаид Дайраны коммæ бацæуæн. Йæ фыццаг дур ын æрæвæрдтой 1784 азы 6 майы. Фæззæгмæ фидар арæзт фæци, йæ алфамбылай къахт уыди арф дзыхъхъ. Райдианы фидар уыди æрмæст Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ фæндаг хъахъхъæнæг æфсæддон пункт. Владикавказæн уыдис ноджы æндæр нысан дæр: Иран æмæ Турчы агрессиимæ тохы сæйраг пункт. Мæздæгæй Кавказы хæхты онг хæстон фидæрттæ арæзт кæй æрцыд, уый фæдыл ирон адæмæн амал фæци кæмттæй быдырмæ ралидзынæн. 1785 азы ирон адæмæн сæ иу хай æрцардысты фидаргæрон æмæ кодтой зæххы куыст. Гарнизон фидары фæлæууыд цыппар азы. XVIII æнусы кæрон дунеон æмæ Уæрæсейы мидбæстон ног уавæр куыд амыдта, уымæ гæсгæ уырыссаг æфсæдтæ Гуырдзыйæ ацыды- сты. Ныууадзын сæ бахъуыд Арвыкомы фидæрттæ дæр. Владикавказы фидар ногæй арæзт æрцыд æрмæстдæр XIX æнусы райдайæны. Æмæ та уæд йæ фарсмæ ногæй æрцардысты 548
ирæггæ. Ирон адæм уæд кæм æрцардысты, уый ма ныр дæр хонынц Ирыхъæу. Азтæ цыдысты, горæты цæрджытыл æфтыд æмæ æфтыд. XIX æнусы 20-æм азты горæт ахста 50 дæсæтины йас зæхх. Фидары астæу бæрзонд ран уыди аргъуан, коменданты æмæ службæйы хæдзæрттæ, дыууæ хæдзары фæндаггон адæмæн, дыууæ госпитæлы æмæ медицинон кусджыты хæдзар. Уыдонæй дæлдæр та уыди цæххы дукани, салдæтты къазарматæ, афицерты хæдзæрттæ, гауптвахтæ. Хойраджы дукани, абана, бæхдæттæ, куырдæдзтæ æмæ æндæр хæдзарадон бæстыхæйттæ уыдысты фидары арæнты æдде. Фидары адæм цардысты уыцы иухуызон цардæй. Йæ алыфарс æхсæвæй бонæй рацу-бацу кодтой хъахъхъæнджытæ. 1837 азы Кавказы аразын райдыдтой æфсæддон цæрæн- бынæттæ. Екатериноградæй Владикавказы æхсæн алы рæтты æрцæрын кодтой дыууæ полчъы, уыдонæй 8 станицæйы уы- дысты Владикавказы полкъ. Уый фæстæ фæндæгтæ сæдасдæр сты, æмæ дзы арæзт æрцыд посты станцæтæ. Горæты фæзынд промышленнон æмæ æрмадзы куыстуæттæ: бæгæныгæнæн за- вод, 2 сапонфыцæны, 2 цырагъгæнæны, 5 цæрмгæнæн заводы, хуыйæн мастерскойтæ, къафетгæнæнтæ. Фæфылдæр ис фидары цæрджыты нымæц. 1850 азы, æфсæддонтæй фæстæмæ, горæты царди 6655 адæймаджы. Фендæр ис фидар æдде бакæсгæйæ дæр. Раздæры хъæмпæй æмбæрзт хæдзæртты бæсты дзы ныр къупецæгтæ æмæ мещантæ сарæзтой архитектурон æгъдауæй рæсугъд фæлгонцгонд хæдзæрттæ. Фæзынд дзы 25 уынджы æмæ 5 фæзы. Фидар сси æцæг горæты хуызæн. Йæ колонион политикæ бахъахъхъæныны тыххæй царизм Цæгат Кавказы гом кодта дины скъолатæ, фæстæдæр та граждайнаг скъолатæ дæр. Уыцы хъуыддаджы Владикавказы фидар ахста фыццаг бынат. Ам 50-æм азты уыди 3 скъолайы. Кавказы хæст куы фæци, уæд фидæртты сæр нал хъуыд, сæ иутæ сысты станицæтæ, се ’ннæтæ та хæлд æрцыдысты бынтондæр. 549
1860 азы 31 мартъийы Владикавказы фидар сси горæт. Горæт хъуамæ ахъаз уыдаид Цæгат Кавказы экономикæ æмæ культурæ рæзын кæнынæн. Терчы облæст арæзт куы æрцыд, уæд 1863 азы Владикавказ сси Цæгат Кавказы центр. 1861 азы горæты байгом окруджы хæххон скъола. 1862 азы та сауджын Колыты Аксо байгом кодта Ирыстоны фыццаг скъола чызджытæн. Фæстæдæр уый сси æртæкъласон, пансион дæр дзы уыди 24 ирон чызгæн. Чичинадзе куыд фыссы, афтæмæй 1863 азы Владикавказы рацыд фыццаг ирон газет, йæ фыццаг редактор уыди Батийы-фырт. Фæлæ цавæр газет уыд, цы хуынд, уыдæтты тыххæй ницы фыссы. 1868 азы Владикавказы цæуын райдыдта газет «Терские ведомости» - Терчы облæсты администрацийы официалон оргæн. 1867-68 азты, Кавказы дæр цалдæр буржуазон реформæйы арæзт куы æрцыд, уæд Терчы бæстæйы адæмты цардыл зынын райдыдта капитализм. XIX æнусы 70-æм азтæй фæстæмæ Цæгат Ирыстон рæзын райдыдта капиталистон фæндагыл. Уый ахъаз уыди Владикавказы базарадон промышленнон центрæн, фылдæр кодта йæ цæрджыты нымæц. 1875 азы горæты уыди 194 промышленнон куыстуаты æмæ сæ иумæйаг куыстад уыди 424.807 сомы аргъ. Владикавказы заводтæ æмæ фабрикæтæ уыдысты чысылтæ. Кусджытæ цыдысты æгъатыр эксплуатацигонд. Мызд сын фыстой хæрз чысыл. Уæлдай фыдæбойнаг куыст кодтой агуыридургæнæн заводты. Промышленность куыдфæстæмæ тыхджындæр кодта. 1880 азы барон Штейнгель байгом кодта машинæтæй кусгæ агуыридургæнæн завод, æнусы кæрон та кусын райдыдта Грозманийы ног дургæнæн завод дæр. Уыдонæн сæ бон уыди бирæ агуыридуртæ уадзын механизацийы руаджы. Чысыл заводгæндтæ сæфтмæ цыдысты. Зæронд, æвадат мадзæлттæй архайгæйæ, сæ бон нæ уыди Грозманийы æмæ Штейнгелы хуызæн ифтонг заводтимæ конкуренци кæнын. Ёладикавказы промышленносты зынгæ бынат ахста бельгийаг капитал. 1899 азы 26 июны Владикавказы горæты 550
лумæ бадзырд сарæзта бельгийаг капиталисттимæ 99 азы æМГЬуыдмæ. Уыцы бадзырдмæ гæсгæ бельгийаг капиталисттæ горæты хъуамæ сарæзтаиккой завод æмæ электростанцæ. Владикавказы тагъд рæзтæн ахъаз уыди Ростов- Владикавказы æфсæйнаг фæндаджы сарæзт. XIX æнусы кæронмæ Владикавказ сси Цæгат Кавказы тæккæ стырдæр горæт, 1900 азы дзы цардис 49 мин адæймаджы. XIX æнусы 80-æм азты горæты уынгтæм æма хæдзæрттæм трубатыл уагъд æрцыд дон. 1904 азы скуыста электростанцæ æмæ горæтæн рухс радта. 1905 азы та горæты уынгты ацыд фыццаг трамвай. XIX æнусы кæрон æмæ XX æнусы райдайæны Владикавказ сси мыхуыры, литературæйы, музыкæйы центр. Горæты культурон царды стыр ахсджиаг цау уыди, 1869 азы уырыссаг драмон театр кæй байгом, уый. Уырысы революцион змæлд фæзынди Владикавказы цардыл. XIX æнусы 70-æм азты кæрон ам райтынг ис Цæгат Кавказы народникты змæлд. Народниктæ, бæстæйы центры хуызæн, ам дæр разамынд лæвæрдтой скъолатæн, арæзтой алыхуызон æхсæнадтæ, техникон зонындзинæдтæ лæвæрдтой Терчы облæсты хæххон адæмæн. Владикавказы бирæ уыди райдайæн æмæ астæуккаг скъолатæ. 90-æм азты дзы уыди 21 скъолайы. Уыдонæй 3 - астæуккаг скъолатæ. XX æнусы фыццаг цыппæрæм хайы скъолаты нымæц схызти 44 онг. Октябры революцийы размæ Владикавказы уыди 2 гимназы, 2 реалон скъолайы, прогимнази, епархиалон скъола, кадетты корпус æмæ дины скъола. 1902 азы горæты байгом бæстæйы мидæг тæккæ стырдæр æвзист, зды æмæ цинчы завод «Алагир». Промышленносты рæзтимæ иумæ рæзыд пролетариат дæр, рæзыд йæ кълассон æмбаргæдзинад. Кусджытæ цардысты тынг æвзæр уавæрты, кусгæ бон уыди 12 сахатæй фылдæр. Ахæм уавæрты кусджыты зæрдæмæ тынг хъардта социал- демократты пропагандæ. Владикавказы кусджыты æхсæн къорд промышленнон куыстуаты фæзынди социал-демократон къордтæ. Уыцы къордтæ 1904 азы баиу сты. 551
Уæрæсейы тынгæй-тынгдæр цырен кодта революцион арт, сыстади егъау адæмон революци. Уый сæргъы уыди дунейы мидæг тæккæ революциондæр кълас - уырыссаг пролетариат, революцион зæхкусджыта дæр семæ, афтæмæй. Ам раволюцион тохы сæргъы æрлæууыдысты горæты большевиктæ. Петрограды уынгты кусджыты куы ныццагътой, уæд Владикавказы организаци рауагъта прокламаци, сидти дзы царизмы ныхмæ тох кæнынмæ æмæ йæ аппарынмæ. 1905 азы размæ Владикавказы стыр стачкæтæ арæзт нæ уыд. Алагиры заводы мартъийы мæй цы стачкæ уыд, уый уыди кусджыты змæлды æцæг райдайæн. 5-æм майы социал- демократты разамындæй горæты цæхæрадоны уыди митинг, 6 майы та сæ куыст ныууагътой приказчиктæ, бæхтæрджытæ, трамвайы æмæ «Алагиры» заводы кусджытæ. Уыдонимæ баиу сты типографийы æмбырдгæнджытæ. Цалынмæ куыстуæтты хицæуттæ кусджыты домæнтæ сæххæст кæныныл сразы сты, уæдмæ иумæйаг забастовкæ нæ банцад. Кусджыты змæлд рæзыди. Куы иу ран, куы иннæ ран-иу ссыгъдис революцион арт. Революцион змæлд Терчы облæсты уæлдай тыхджындæр уыди 1905 азы октябры-декабры мæйты. Разæй цыдысты Владикавказы кусджытæ æмæ ремесленниктæ. 18, 19, 20 октябры хицауады ныхмæ демонстрациты рæстæджы тугкалæн быцæутæ рауад демонстранттæ æмæ контрреволюцийы æхсæн. Уыцы карз тохы бонты кусджыты цæсты УКОДП-йы Владикавказы комитеты кад тынг сбæрзонд. Кусджытæ федтой, уый кæй у се ’цæг раздзæуæг. Декабры революцион тохы арт ахæлиу æгас Терчы облæстыл дæр. Владикавказы цæттæгонд цыдис æдгæрзтæ сыстад. Фæла афоныл арæзт нал æрцыд: уæдмæ Мæскуыйы æдгæрзтæ сыстад дæрæнгонд æрцыд. 23-æм декабры Терчы облæсты æвæрд æрцыд хæстон уавæр. Фæлæ уæддæр Владикавказы большевиктæ сæ куыст нæ ныууагътой. 1906 азы райдайæны Владикавказмæ æрбацыдысты Ной Буачидзе æмæ Н. Кикнадзе. Уæды рæстæджы Дзæуджыхъæуы болыыевикты куысты тыххæй. Н. Кикнадзе йæ мысинæггы ракодта ахæм хабар. Паддзахадон Думæ дæрæнгонд кæй 552
æрцыд, Уый ФæДыл ныммыхуыр кæнын хъуыди листовкæ. Ной Буачидзе загьта: байсæм газет «Казбек»-ы редакци æмæ дзы ныммыхуыр кæнæм листовкæтæ. Кусджыты руаджы æцæг афтæ бакодтой, æмæ дыккат бон Дзæуджыхъæуы цæрджытæ кастысты большевикты листовкæтæ. Реакци уæддæр бакодта йæхионтæ. Революци 1906 азы зынгæ æрлæмæгъ, кæд йæхи нæ лæвæрдта, уæддæр. Бæстæйы центры куыд уыд, афтæ Терчы облæсты дæр уыдис куыстурæдтæ. Ахæм куыстурæд уыди 1906 азы июны горæты куыстуæттæн сæ фылдæры, цыди змæстытæ æфсæддон хæйтты, мин кусæг æмæ службæгæнæгæй фылдæр сарæзтой митинг горæтгæрон. 1906 азы фæззæджы пъæлицæ раргом кодта Терчы- Дагестаны комитеты сусæг типографи. Адæмы ахстой. Революцион куыст кæнын тынг сзын ис. Ной Буачидзейы Мæскуымæ ацæуын бахъуыд, Кикнадзейы та - фæсарæнтæм. В ладикавказы болыневикон организаци рахызт сусæг куыстмæ. 1909 азы Дзæуджыхъæумæ ссыди намысджын революционер С. М. Киров. Уый хъæбатырæй бавнæлдта раздæры дæрæнгонд революцион тыхтæ æмбырд кæнынмæ. Йæ къахыл слæууын кодта Владикавказы большевикон организаци æмæ йын бавнæлдта кусджыты йæ алфамбылай æмбырд кæнынмæ. 1914 азы райдыдта империалистон хæст. Уыцы хæст ноджы фæкарздæр кодта кълассон ныхмæлæуддзинæдтæ, хæлди бæстæйы хæдзарад. 1915 азы кæронмæ Дзæуджыхъæуы куыстуæттæй бирæтæ æхгæд æрцыдысты. Нæ уыд хомаг, транспорт, æргътæ уæлæмæ цыдысты. Æппæт уыдæтты тыххæй адæмы маст тынгæй-тынгдæр фыхти. 1916 азы апрелы сæ куыст баурæдтой алыхуызон куыстуæтты кусджытæ, майы та сæ куыст баурæдтой трамвайы æмæ завод «Алагир»-ы кусджытæ. Адæм бафæлладысты хæстæй. 1917 азы февралы адæм сыстадысты æмæ паддзахы аппæрстой. Хицауад йæ къухмæ райста буржуази. 1917 азы мартъийы Владикавказы арæзт æрцыд «Граждайнаг æххæстгæнæг комитет». Уым уыдысты буржуазийы æмæ 553
хъазахъхъы хъæздгуыты минæвæрттæ. Уый къухтæм бахаудта Терчы облæсты æппæт хицаудзинад дæр, - кусджыты æмæ салдæтты депутатты Советы фылдæр хай уыдысты меньшевиктæ æмæ эсертæ. Уыцы вазыгджын уавæрты Владикавказы болыыевиктæ æппынæдзух адæмон дзыллæтæн æмбарын кодтой, буржуа- зийы, меныиевикты æмæ эсерты контрреволюцион пълантæ цы сты, уый. Дзæуджыхъæуы фæллойгæнджытæ сыстадысты æмæ домдтой, цæмæй хицаудзинад иууылдæр лæвæрд æрцы- даид кусджыты æмæ салдæтты депутатты Советмæ. 1917 азы 30 декабры Владикавказы Совет уынаффæ рахаста ам советон хицаудзинад æрæвæрыны тыххæй. Уый хæд фæстæ контрре- волюцион афицертæ Советы агъуыстмæ балæбурдтой, æр- цахстой йын йæ президиумы уæнгты, сæ сæргъы Ной Буачи- дзе, афтæмæй. Фæлæ керменистты хъæбатырдзинады руаджы фервæзтысты ахст адæм. 1918 азы январы горæт бацахстой контрреволюцион хъазахъхъаг афицерты отрядтæ. Болыыевиктæ сæхи бааууон кодтой, фæлæ уæддæр тох кодтой дзыллæты сæхи фарс фæкæныныл. Большевикты тохы фæрцы Терчы облæсты П-æм съезд расидти Терчы бæстæйы советон хицаудзинад, Терчы облæст нымад æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Автономон Советон Республикæйыл. Фыццаг Адæмон Комиссарты Советмæ æвзæрст æрцыдысты С. М. Киров, Н. Буачидзе, Я. Л. Маркус, Я. П. Бутырин æмæ æнд. Фыццаг бонтæй фæстæмæ Советон хицаудзинад бавнæлдта промышленность йæ къахыл слæууын кæнынмæ. 1918 азы апрелы йæ раздæры хицæуттæй конфискацигонд æрцыд æмæ ногæй кусын райдыдта завод «Алагир». Райдыдта горæты культурон арæзтад дæр. Уыцы аз ам байгом фыццаг уæлдæр скъола - Хæххон политехникон институт, консерватори, Ной Буачидзейы номыл адæмон скъола æмæ æнд. Фæлæ-иу уыцы цардарæзты куыстытæ арæх урæд цыдысты дæрæнгонд контрреволюционерты лæбурджыты аххосæй. Уыдон хъавыдысты æрыгон Советон хицаудзинад аппарынмæ. Горæты уæлдай тыхджындæр змæстытæ рауадис 1818 азы 554
августы. Уæд 12 боны дæргъы горæты фæллойгæнджытæ тох кодтой Бичераховы бандæты ныхмæ. Знаджы æвирхъау лæбурджыты ныхмæ сыстадысты ирон партизантæ. 1920 азы 24 мартъийы партизанты отрядтæ ссæрибар кодтой Владикавказ. Г. К. Орджоникидзе йæ телеграммæйы В. И. Ленинмæ фыста: «Владикавказ, Грозна, Дербент фæтардтой урсгвардионты, Сырх Æфсады æрбацыды агъоммæ сарæзтой сæхи ревкомтæ». 31 мартьийы Дзæуджыхъæумæ æрбацыдысты Г К. Орджо- никидзе æмæ С. М. Киров. Горæты мидæг хицаудзинад æгасæй дæр йæ къухмæ райста революцион Совет. 27-29 октябры 1920 азы ам уыд крайы æмбырд Доны æмæ Кавказы коммунистон организацитæн. Уым ныхасгонд цыди ленинон национ политикæ царды æххæст кæныны хъуыддагыл, Терчы адæмты автономийы тыххæй. Уыцы аз 17 ноябры уырыссаг драмон театры агъуысты Терчы облæсты адæмты съезды Советон хицауады номæй хъуыстгонд æрцыд хæххон адæмты автономи - арæзт æрцыд Хæххон Советон Социалистон Республикæ, йæ центр Владикавказ, афтæмæй. Хæххон республикæ куы нал уыд, уæд Владикавказ иуцасдæр рæстæг уыд хæдбар горæт (хицæн окруджы бартимæ), стæй сси дыууæ автономон облæсты (Цæгат Ирыстоны æмæ Мæхъæлы) центр. Горæты историйы 1932 аз у ахсджиаг аз - уæд ын лæвæрд æрцыд партийы уарзон хъæбул Серго Орджоникидзейы ном. 1936 азы та горæт Орджоникидзе сси Цæгат Ирыстоны Автономон Советон Социалистон Республикæйы центр. 1936 азы фидаргонд æрцыд горæт аразыны генералон пълан. Фæтыхджындæр ис горæты хæдзарадон æмæ культурон арæзтад. Фыццаг фондзазонты рæстæг раздæры хæлд хæдзарад йæ къахыл слæууын кæнынæй дарддæр ма арæзт æрцыд бирæ ног промышленнон куыстуæттæ æмæ культурон кусæндæттæ. Горæты промышленносты зынгæ бынат æрцахстой «Элек- троцинк»-ы, «Стеклотарæ»-йы, цæнгæтуадзæн, асфальт- бетоны заводтæ, автотракторон æмæ электромеханикон ма- 555
стерскойтæ, хæдзары дзаумæтты æмæ трикотажгæнæн фа- брикæтæ. Фыдыбæстæйы хæсты размæ Орджоникидзейы горæты куыстой дыууæ педагогон институты (1938 азы баиу сты), медицинон институт, хъæууонхæдзарадон институт æмæ хæххон-металлургион институт, цалдæр сæрмагонд астæуккаг скъолайы. Уыдон бæстæйæн лæвæрдтой бирæ мингай специ- алисттæ. Республикæйы уæд дæр куыста наукон-иртасæг ин- ститут. Горæты цыдис 10 алыхуызон газетæмæ журналы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад адæмæн лæвæрдта бирæ алыхуызон чингуытæ. Мыхуыры уагьд цыдысты ирон фысджыты, уырыссаг классикты æмæ советон фысджыты аивадон уацмыстæ. Хæст бакъуылымпы кодта горæты дарддæры рæзт. 1942 азы фæззæджы немыцаг фашистон æфсæдтæ лæбурдтой Орджоникидзейы горæтмæ. Æппæрстой йыл бомбæтæ. Советон Æфсады хъæбатыр хæстонтамæ иумæ сæ райгуырæн горæт хъахъхъæдтой йæ цæрджытæ. Советон хицаудзинады азты Орджоникидзейы горæт сси Цæгат Ирыстоны ахсджиаг промышленнон, административон æмæ культурон центр. Ам сты республикæйы егъаудæр промышленнон куыстуæттæ - «Электроцинк», С. М. Кировы номыл вагæттæ-ремонтгæнæн завод. Горæты хуссарскæсæн кæроны сырæзыди автотракторон электрооборудованийы завод, ам ноджы фæзынд бирæ æндæр ног заводтæ дæр. Орджоникидзе нæ бæстæйы алы районтæм æппынæдзух æрвиты алыхуызон зынаргъ æрмæг æмæ æрмæст нæхи бæстæмæ нæ, фæлæ адæмон демократийы бæстæтæм дæр, фæсарæнтæм. Цинк, зды, хъæбæр æмтадтæ алы рæттæм цæуы «Электроцинк»-ы заводæй, ног джиппы уагъдау цалцæггонд вагæттæ нæ æфсæнвæндагæн дæттынц Кировы номыл заводы кусджытæ. Уымæй дардцæр горæты куыстуæттæ бæстæйæн дæттынц авджын дзаума, къахы дарæс, цъындатæ, трикотаж, консервтæ æмæ ноджы бирæ æндæр товартæ. Фæстаг азты горæты куыстуæттæ аразын райдыдтой промышленносты ног 556
хуызтæ: сахæтты дуртæ, хуыйæн машинæтæ, газы колонкæтæ æмæ æнд. Ныртæккæ горæты ис 4 уæлдæр скъолайы, 13 сæрмагонд астæуккаг скъолайы, 32 астæуккаг скъолайы, 28 сывæллæтты цæхæрадоны, 13 клубы æмæ кулыурæйы хæдзары, ирон музыкалон-драмон æмæ уырыссаг драмон театртæ, бирæ кинотеатртæ, библиотекæтæ. Ис дзы наукон-иртасæг институттæ. Байгом ног рынчындæттæ. Бирæ фестырдæр ис нæ горæт, аивта йæ хуыз. Йæ уынгтæ, йæ фæзтæ сты рæсугъд, ис дзы бирæ аив арæзт цыппар- фондзуæладзыгон хæдзæрттæ, кусджыты поселоктæ. Горæты арæзт æрцыд цалдæр ног фæндаджы трамвайтæн, бирæ уынгты цæуынц хорз фæлгонц автобустæ. Нæ бæстæйы мидæг авдазон пълан æмæ Коммунистон партийы XXII историон съезд цы стыр хъуыддæгтæ снысан кодтой, уыдон ныр царды æххæстгонд цæуынц. Нæ бæстæ, уыимæ нæ горæт дæр, суыдзæн ноджы хъæздыгдæр, ноджы рæсугъддæр, Авд азы дæргъы нæ горæты промышленность фæуыдзæн бынтон æндæрхуызон - сырæздзæн дзы ног, раззагдæр промышленнон куыстуæттæ. Паддзахад бирæ фæрæзтæ снысан кодта æхсыры завод, гауызтæгæнæн фабрикæ, электровакуумон æвгæнæн, хуыйæн машинæты завод æмæ æнд. фестырдæр кæнынæн, пианинотæ кæнæн фабрикæ æмæ сæны завод аразынæн. Фæхуыздæр уыдзæн горæты цæрджыты донæй æфсадыны хъуыддаг. Дарддæр райрæздзæн адæмон ахуырады хъуыддаг дæр. Ноджы тынгдæр фидар кæндзæн цард æмæ скъолайы æхсæн бастдзинад, дзæвгар фæхуыздæр уыдзæн рынчындæтты куыст. Ноджы дзы фылдæр арæзт цæудзæн цæрæн хæдзæрттæ æмæ алыхуызон цардуаджы кусæндæттæ. Горæты цæрджытæ авдазоны кæронмæ райсдзысты 500 мин квадратон метры цæрæн хæдзæрттæ, арæзт æрцæудзæн бирæ æндæр бæстыхæйттæ дæр. Горæт дарддæр дæр æфсæст цæудзæн газæй - 30 мин фатерæй фылдæрмæ уыдзæн газ. Фæдаргъдæр уыдзысты трамвайты фæндæгтæ 8,7 километры бæрц. Цæуын нæм райдайдзæн 557
троллейбустæ. Авд азмæ коммуналон хæдзарады капиталон бавæрдтытæ уыдзысты, 1952 азæй 1958 азмæ цас хардзгонд æрцыд, уымæй æртæ хатты фылдæр. Ахæм у нæ горæт. Фæлæ диссагдæр у йæ фидæн - уый уыдзæн коммунизмы горæт, адæм æнусты дæргъы цавæр горæтмæ бæллыдысты, ахæм. Уыцы рæсугъд фидæн æрхæстæг кæныныл нæ советон бæстæйы хъæбатыр адæмимæ иумæ тох кæнынц йæ горæты фæллойгæнджытæ дæр. —<©$©>- 558
Ф. Агапов ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА ФИЗИКОН ХЪОМЫЛАДЫ ТЫХХÆЙ Хетæгкаты Къостайæн ирон адæмы историйы ис егъау ахадындзинад. Адæм стыр аргъ кæнынц Къостайæн - уый у цытджын поэт, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг, публицист. Къостайæн йæ ном адæмы æхсæн баззад рухсады архайæгæй дæр. Адæмон ахуырады хъуыддаджы Хетæгкаты Къоста райста Чернышевский æмæ Добролюбовы революцион демократон зондахаст, хъомылады æмæ ахуырады фарстатæн кодта стыр аргъ. Къоста æдзухдæр йæ алфамбылай уыдта, адæм куыд тыхст цард кодтой, куыд талынг æмæ ссæст уыдысты, уый. Гъе, уымæ гæсгæ поэт йæ уацмысты, йæ публицистикæйы фыста уыдæтты фæдыл, уый тох кодта, цæмæй фæллойгæнæг адæмы лæппутæ æмæ чызджытæн арæзт цæуа скъолатæ æмæ хæхтæм дæр бахæццæ уа ахуырады рухс. Царизм, помещиктæ æмæ капиталисттæ архайдтой, цæмæй фæллойгæнджытæ уой талынг æмæ сæ æнцондæрæй эксплуатаци кæной. Адæм ахуырад куы бамбарой æмæ сæрибарыл тох куы райдайой, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ паддзахы хицауад къуылымпы кодта ирон скъолатæ гом кæныны хъуыддаг. Цы скъолатæ уыд, уыдонæн сæ фылдæры ахуыр кодтой зынæмбарæн зæронд славянаг æвзагыл, ахуыргæнджытæ та уыдысты æрдæгахуыргонд диакъонтæ. Гъе, уый фыдæй, Къостайы загъдау, «Скьола-иу каст чи фæци, уыдонæй-иу ферох, цы фæцахуыр кодтой, уый фылдæр хай, уымæн æмæ, иуæй, уæлæнгæйтты ахуыр кодтой æмæ-иу хъуыддаджы дæр ницы æххуыс уыдысты, иннæмæй та скъола æмæ адæмы æхсæн ницы бастдзинад уыди, афтæмæй æнæ уыцы бастдзинад иу скъолайæн дæр уæвæн нæй». Къостайыл фæзынд, уырыссаг революционертæ-демократ- тæ адæймаджы физикон хъомыладмæ цы цæстæй кастысты, 559
уый дæр. А. И. Герцен амыдта, зæгъгæ, сывæллон хъуамæ рæза духовон æмæ физикон æгъдауæй дæр. Адæймаг хъуамæ алы хуызты дæр рæза. Чернышевский дæр дзырдта, зæгъгæ, хъо- мылады хъуыддаг хъуамæ æнгом баст уа физикон æмæ фæл- лойадон архайдимæ. Рухс фидæны, фыста уый, цæрдзæнис «буарæй хæрзконд, зæрдæйæ сыгъдæг» адæм. Уырыссаг революцион демократты уыцы зондахаст тынг фæзындис Къостайыл. Йæ поэзийы, йæ публицистикæйы уый æрдзырдта физикон хъомылады иуæй-иу фарстаты тыххæй. * * * Райдзаст нæ уыдысты Къостайы сабийы бонтæ. Фæлæ уæддæр æдзухдæр уыди цардбæллон æмæ ныфсхаст. Сывæллонæй фæстæмæ уый зыдта адæмы сагъæстæ, сæ цард. Сабийæ Къоста уарзта хъазын, адæмон физикон хъæзтытæ кæнын, зарын æмæ кафын. Дзапарты Б. дзырдта, зæгъгæ, Къоста чысыл лæппуйæ бирæ уарзта хъулæй хъазын. Уый-иу æдзухдæр рамбылдта, фæлæ йæм йе ’мбæлттæ уый тыххæй мæсты никуы кодтой. Къоста хъазынмæ уыди дæсны æмæ-иу цыдæриддæр рамбылдта, уыдон-иу байуæрста. Уыцы заман уый хорз зыдта зарын, кафын, рæвдз уыди бæхыл бадынмæ дæр. Цыппæрдæсаздзыдæй Къоста бацыди гимназмæ. Йæ æппæт хъарутæ дæр лæвæрдта ахуырæн, физикон упражненитæн. Йе ’мгар Санаты Елбыздыхъо фыста, зæгъгæ, Къоста уыди сывæллæтты æппæт хъæзтытæ аразæг æмæ сæ-иу активонæй архайдта. Уый уыди хуыздæр гимнасттæй иу, хъазыдис-иу спектаклты. 1899 азы йæ иу писмойы Цæлыккаты Юлианæмæ фыста: «Зноны банкеты та мæ зæронд гæрзтæ райстон... Хъæзтыты мæнæй тынгдæр ничи фесгуыхт, вальс, мазуркæ, миньон, падекатр, венгеркæ æмæ лезгинкæ кафыдтæн». Ирон кафтмæ Къоста уыди тынг дæсны. Ирыстоны-иу чындзæхсæвы хистæртæ кæстæртæн хай куы радтой, уæд-иу базыг сæ уæрагыл састой. Уыцы хъуыддаг- иу йæ къухы кæмæн бафтыд, уымæн-иу кадджын нуазæн 560
авæрдтой. Фæлтæрдджын æмæ сæрæн кæй уыдис, уый фæрцы- иу ахæм нуазæн арæх Къостамæ æрхаудта. Къоста стыр аргъ кодта уырыссаг ахуыргонд æмæ альпинист А. В. Пастуховæн æмæ йын йæ куыст хорзыл нымадта. Уый куы фæмард ис, уæд Къоста фыста: «Пастуховы зианы хабар фехъуыстон газетæй. Тынг ыл фæхъыг кодтон мæ хæлар адæймагыл». Къоста æвæллайгæ архайдта адæмон рухсады хъуыддаг парахат кæныныл. Йæ уацмысты ис культурон, физикон, фæллойадон æмæ эстетикон хъомылады фарстатыл ныхас. Уый активонæй архайдта «Хæххон адæмы æхсæн ахуырдзинад æмæ техникон зонындзинæдтæ парахатгæнæг æхсæнад»-ы. Рухсады хъуыддæгтæй дарддæр ма уыцы æхсæнад арæзта алыхуызон хъæзтытæ. Уырыссаг педагогтæ æмæ революционертæ-демократты хъуыдытæ йæ зæрдæмæ райсгæйæ, Къоста дзырдта, зæгъгæ, уыдон хауынц хæххон адæммæ дæр, уыдонæн дæр уырыссаг фæллойгæнæг адæмы хуызæн зынаргъ у хъомылады хъуыддаг - уыимæ физикон хъомылады хъуыддаг дæр. Уый зæрдыл даргæйæ, Къоста тох кодта, цæмæй хъомылады æппæт хуызтæ дæр кæрæдзиимæ æнгом баст уыдаиккой адæмы рухсады, æнæниздзинады æмæ сæрибары сæрыл тох кæныны сæраппонд. Къоста тох кодта, царизм бæстæйы кæрон цæрæг адæмты æхсæн цы талынггæнæг политикæ æххæст кодта, уый ныхмæ. Уыцы политикæ уыди физикон хъомылады ныхмæ. Физикон хъомылады тыххæй Къостайы цæстæнгасыл тынг фæзындысты П. Ф. Лесгафт æмæ йæ ахуыргæнинæгты чингуытæ. Физикон упражненитæ хъомылады иннæ фарстатимæ раст бæттын цас ахъаззаг у, уый нымайгæйæ, Къоста Ирыстоны раззаг адæймæгтимæ иумæ архайдта спортивон æхсæнад саразыныл. Уыцы æхсæнад хъуамæ æппынæдзух арæзтаид ахуыртæ фæллойгæнæг адæмæн, сæ цотæн. Къоста æмæ Склифософскаяйы разамындæй æхсæнадон архайджытæ М. Леонтьев, Д. Диков, М. Санайы-фырт æмæ æнд. газеты ныммыхуыр кодтой писмо. Уым фыстой: «Ас 561 36
адæмы æмæ сабиты физикон рæзындзинады хъуыддаджы гимнастикæ раст сæвæрыны фарстайыл чи тыхсы æмæ йæ иннæ горæтты хуызæн Дзæуджыхъæуы дæр афойнады хъуыддагыл чи нымайы, уыцы адæймæгтæ сидынц, кæй фæнды, уыдонмæ, цæмæй хуыцаубоны, 20 январы боны 1 сахатмæ æрæмбырд уой нæлгоймæгты классикон гимназы залмæ гимнастикон æхсæнад байгом кæныны фарстатыл æрдзурыны тыххæй æмæ, ахæм æхсæнадтæн сæрмагонд къамис цы уагæвæрд сарæзта, уымæ æркæсынмæ». 1902 азы 20 январы гимнастикон æхсæнад чи арæзта, уыдон скодтой фыццаг æмбырд. Фæлæ паддзахы хицауад нæ бауагъта хæххонтæн гимнастикон æхсæнад саразын. Æмæ кæд цыфæнды цæлхдуртæ арæзт цыд, уæддæр адæмы уромын ницы бафæрæзта сæ физикон рæзындзинады хъуыддаджы, адæмы æхсæн парахат кодтой алыхуызон хъæзтытæ æмæ физикон упражненитæ. Ирон адæммæ цы физикон культурæйы нормæтæ уыд, уыдон адæймаджы кодтой моралон æгъдауæй тыхджын, хъаруйæ - домбай, царды æмæ фæллойы адæймаджы цы арæхстдзинад хъуыд, уый йын лæвæрдтой. Адæмон хъæзтытæ æмæ физикон упражненитæ, адæмы историон рæзындзинадимæ æнгом уæвгæйæ, ахъаз уыдысты царды рæзтæн, бæрæг историон уавæрты сын уыди стыр ахадындзинад фæллойы æмæ бæстæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Адæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ бахъахъхъæдтой физикон хъомылады хорз традицитæ, уыдон уыдысты стыр хъуыддаг фæсивæды физикон æмæ хæстон æгъдауæй бацæттæ кæнынæн. Физикон культурæйы характер æмæ мидисыл тынг зындис фæллойадон хъомылад, суанг сабийы бонтæй райдайгæйæ. Къоста уый тыххæй афтæ фыста: «Лæппу 13-14 аздзыдæй свæййы йæ фыдæн æххуысгæнæг хæдзары æппæт куыстыты дæр. 16 аздзыдæй та арæхстджынæй гутон кæны, фæрæтæй, æхсырфæй æмæ цæвæгæй кусы. Уæдæй фæстæмæ свæййы бинонты æхсæн «ас лæг», хъæлæсы бар æм фæхауы, афтæмæй; уыцы карæй фæстæмæ йын ус ракурæн дæр ис. 562
Чызг 13-14 азмæ хъуамæ базона хæдзары æппæт куыстытæ æмæ къухми, цæмæй йæ мойæн хорз ус уа, уый тыххæй». Хæхты уавæрты иуæй-иу куыстытæ сты тынг зын æмæ вазыгджын. Зæгъæм, хос кæрдын. Алы уыгæрдæны гæппæл дæр адæймагæн зынаргъ уыд. Хосгæрдæг-иу йæхи бæндæнæй бæласмæ кæнæ стыр дурмæ бабаста æмæ-иу къулыл хос карста. Уыцы куыстæн хъуыди бирæ хъару, арæхстдзинад, фæразондзинад. Ноджы зындæр та уыди зымæгон хос æфснайын. Уый тыххæй Къоста фыста: «Цалдæр зæйы куы рацæуы æмæ комы бын кæрæй-кæронмæ арф æмæ над митæй куы бамбæрзы, ком бынтондæр куы слæгъз вæййы, уæд хосы хицæуттæ сæударæй ацæуынц хъæуæй; ранæй- рæтты сæ бахъæуы сæ къæхтыл къахкъæлæттæ скæнын, сæхицæн хъилтæй, æфсæндзых лæдзджытæй æххуыс кæнын, афтæмæйты, тынг арæхстджын архайд кæнгæйæ, схæццæ вæййынц, мæкъуылтæ кæм сты, уырдæм... 8-10 мæкъуылы кæм ис, ахæм рæнхъ, фиййæгтæй рæвдз февналгæйæ, миты бынæй суæгъд кæнынц, чысыл æй дæлдæр æрбырын кæнынц æмæ мæкъуылтæ кæрæдзимæ фидар бабæттынц гæрзытæй. Стæй уæд алы рæнхъы цур дæр æрлæууы дыууæ лæджы, æмæ уыдон мæкъуылтæ æрбырын кæнынц уырдыджы былмæ. Мæкъуылтæ куыддæр сæхи уæзæй дæлæмæ бырын байдайой, афтæ уыцы лæгтæй иу сгæпп кæны разырдыгæй нымайгæйæ дыккаг мæкъуылмæ, иннæ та фæстæрдыгæй нымайгæйæ дыккаг мæкъуылмæ æмæ уыцы хæдцæугæ поезд фатау фæцæйтæхы æнæбын коммæ. Ахæм куыст æнæ адæймаджы зиантæ кæм уыдзæн». Къоста комкоммæ фыста, ирон адæмы æхсæн спорты цавæр хуызтæ уыди, уыдон тыххæй «Особа»-йы: «Лæппуты хъæзтытæ..: хъæл, гуда, æрдын, дугъы уайын, къахдзоныгътыл бырын, хъæбысæй хæст, хи найын» æмæ æнд. Къоста йæ уацмысты фыста адæмы, йæ геройты хъару, хъæбатырдзинад æмæ арæхстдзинады тыххæй. Райсæм ма «Дзæбидырдзуан». Ацы радзырды уый дзуры æрмæст адæмы мæгуыр царды тыххæй нæ, фæлæ ма физикон æмæ моралон 563
æгъдауæй куыд домбай уыдысты, ууыл дæр, цы хорз фæзминаг миниуджытæ сæм уыди, уый тыххæй. Цуаны уæвгæйæ, адæймаг кодта хъаруджын, ныфсджын, арæхстджын. Уæлдай зындæр та уыди дзæбидырдзуан. Арæх- иу цуаны заман цæуын бахъуыди айнæг къæдзæхтыл, æрмæст цæргæстæ кæдæмты хæццæ кодтой, уымыты. Гъе, уымæ гæсгæ цуанон хъуамæ æххæст уыдаид алцæмæй дæр - уæ хъаруйæ зæгъай, уæ ныфсæй. Хъæбатыр цуанонтæн æдзухдæр тас уыди сæрсæфæны аирвæзынæй. Хæхты зæйтæ арæх цæуы æмæ фæндæгтæ ныххафынц. Уый тыххæй-иу сæхи кæрæдзимæ бæндæнтæй бабастой, цæмæй сæ былæй мачи ахауа. «Æллæх! - райхъуыст цуаноны тæссаг хъæр. Сабан фæбырыд æмæ асх.ъиудта, фæлæ йе ’мбæлттæ цæттæйæ лæууыдысты: фидар хæцыдысты бæндæныл æмæ лæппу хъеллæуттæгæнгæ баззад æнæбын хауæны сæрмæ». Ирон адæмы миниуджыты тыххæй ма Къоста фыста «Кæуæг айнæг»-ы дæр: «Ироны тынг бирæ нæ хъæуы Гъе ныр, уæлдайдæр та гье уæд, - Болат кард, топп, æхсар». Хъомылады адæмон системæйы стыр бынат ахстой кæфтытæ, хъæзтытæ бæрæгбоны заман. Гъе уымæ гæсгæ уыдоны тыххæй Къоста дæр бирæ фыста. Поэмæ «Тæрхоны раз»-ы поэт, йæ геройты тыххæй дзургæйæ, фыста: «Мæхæмæты бон-иу цæрдæг Æз хæхтæй хьæубæстæм цыдтæн; Æнæхъæн бон æмæ æхсæвтæ Æз куывдтыл, хъæзтытыл зылдтæн». Дарддæр кæсæм. «Еууы хьæбæр кæрдзыны мурыл Æвзонгæй чи кафыдрæуæг, Уый хьазтмæ рахнзы йæ кьордæй, Æнæфсæрмыгæнгæ, уæндонæй... 564
Мæ кафтуыдрог æмсеуæздан, - Зæрдæрухсæй, ыстыр цинимæ, Æппæт хæххон хæрзконд чызджытæ Тымбыл сгшд кодтой-иу мæнимæ...» Поэмæ «Фатимæ»-йы Къоста дзуры æрмæст бæхыл хъазыны нæ, фæлæ зарыны, кафыны æмæ æнæуи хъæзтыты тыххæй дæр. Нæ советон бæстæйы физикон культурæ æмæ спорт систы скъолаты ахуыры хай, фæллойгæнджыты æрвылбоны царды хай. Коммунистон парти æмæ Советон хицауад зæрдиагæй аудынц адæмы æнæниздзинадыл, физкультурæ æмæ спорт арæхстджынæй аразынц хъомылады хъуыддагмæ. СЦКП- йы XXII съезды историон уынаффæты æмæ уыцы съезды фидаргонд партийы ног Программæйы, коммунистон æхсæнад аразыны программæйы егъау бынат ахсынц физикон культурæйы æмæ спорты фарстатæ. Парти йæ размæ хæсæн æвæры, цæмæй Коммунистон æхсæнад аразджыты фæлтæр рæза æппæт хуызты дæр æмæ уа, дунейыл чи никуыма уыд, ахæм адæм. Уыцы хæс сæххæст кæныны фæстаг бынат нæ ахсынц раззагдæр адæмтæй нын цы бынтæ баззадис, уыдон. Уыцы бынты æхсæн махæн зынаргъ сты, Хетæгкаты Къоста физикон хъомылады тыххæй цы хъуыдытæ загьта, уыдон. -=<©$©>=- 565
Цоциты Резо АРСЕНХУССАРЫ Мысинæгтæ 1 1926 азы Чъребамæ æрцыдтæн фыццаг хатт. Хъæууон цардыл, фæскомцæдисы куыстыл цыдæртæ фыстон, æмæ мæм уый тыххæй газет «Хурзæрин»-ы редакцимæ фæсидтысты. Дыккаг уæладзыгмæ куыддæр схызтæн, афтæ мæ хъустыл кæйдæр хуыфын ауад. Фæстæмæ фæкастæн. Асинтыл сцæйцыд сырхцъар, тымбыл нарст лæг. Къопхуды бынæй зынди йæ тызмæгарæзт цæсгом. Цыбыр æлвыд цыргъ боцъо дæр æй зæрондхуыз нæ кодта. Лæг мæ фæрсты баивгъуыдта æмæ дуæрттæй иуыл бахызт. Æз сагъæсхуызæй æрлæууыдтæн. Цы бакæнон? Никæй зонын редакцийы, кæдæм бацæуон, кæимæ дзурон? Мæ амондæн уатæй рахызт иу сылгоймаг. Ус мын, æвæццæгæн, мæ тыхст бамбæрста: - Чи дæ хъæуы, лæппу? Æз мæ сæр ныллæг æруагътон: - Ардæм мæм фæсидтысты... Ус мын мæ роцъойыл уæлæмæ схæцыд: - Цæй нæуæндаг лæппу дæ? Уæртæ уырдæм бацу, - къухæй мын ацамыдта, æрдæбон тызмæгхуыз лæг кæм фæмидæг, уырдæм. - Æрмæст чысыл уæндондæр у, - бафтыдта ма йæ ныхасыл сылгоймаг. Æз дуарыл рахæцыдтæн. Стыр стъолы фарсмæ бады бæзæрхыг нæлгоймаг. Йæ цуры лæууы мæ «зонгæ» цыргъбоцъо лæг. Цæуылдæр зæрдæбын ныхас кæнынц. Къæсæрыл лæууын, бацæуынмæ мæ ныфс нæ хæссын. Уалынмæ къуыбырæлвыд саурихи лæг бандоны чъылдымыл йæхи фæстæмæ ауагъта æмæ мæм фæкомкоммæ: - Мидæмæ, лæппу! , Фестад æмæ мæм йæ къух стъолы сæрты радардта. - Сбад, - ацамыдта мын стъолы раз даргъ цъæтджын бандонмæ. 566
Бандоныл мæхи æруагътон. Мæ каст сусæгæй уыд цыргьбоцъомæ, фæлæ мæ уый хъуыды дæр нæ кодта, газет «Хурзæрин»-ы йæ цæстытæ ныссагъта. - Цæй, цы хабар дæм ис? - бафарста мæ къуыбыррихи лæг. Æз мæхи бакъултæ кодтон. Уый мын мæ къæмдзæстыгдзинад бамбæрста: - Лæджы бындзæфхад куы дæ, уæд цы ’фсæрмытæ кæныс? Кæмæй дæ? Æз ын мæ мыггаг загьтон. - А-а!.. Æгас цу, æгас, - ныццинтæ мыл кодта уый æмæ йе ’мбалмæ бакаст. - Ацы лæппуйæ исты рауаид, фæлæ йæм ахуырæй ницы ис, æмæ йын цы бакæнон, нæ зонын. Уый мæм æрбакаст, газет æрæвæрдта, иучысыл ма афæстиат, стæй ацыд. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй æз бахаудтæн «Хурзæрин»-ы редактор Тыбылты Алыксандрмæ. Уый лæмбынæг фæныхас кодта мемæ мæ уацты тыххæй, сæ хъæндзинæдтыл, цæуыл æмæ куыд хъæуы фыссын, стæй мæ бафарста: - Цы кæсыс литературæйæ? Йæ фарстæн мæм дзуапп раттын зын кæй фæкаст, уый бамбæрста æмæ йæ сæр банкъуыста: - Ницы кæсыс, æмæ уый хорз нæу. Чингуытæ куынæ кæсай, уæд фыссын никуы базондзынæ. Дæ уацтæ дын газеты ныммыхуыр кæнæм, фæлæ уыдон нырма æцæг фыстытæ не сты. Æз æм зæрдæбынæй хъуыстон, фæлæ ныхас цæуыл цыд, уый дзæбæх не ’мбæрстон. Уый мын Къостайы чиныг радта. Ранымадта мын, ноджы мæ цавæр чингуытæ кæсын хъæуы, уый. - Тагъд журнал «Фидиуæг» уадзын райдайдзыстæм, æмæ- иу æй кæс. Коцойты Арсены ном искуы фехъуыстай? Æз мæ сæр батылдтон, нæ, зæгъгæ. - Мæнæ ныртæккæ ам мемæ цы лæг ныхас кодта, уый Коцойты Арсен у. Зынгæ ирон фыссæг. Мах уыимæ ныртæккæ 567
журналы тыххæй ныхас кодтам. Журнал цæудзæн дыууæ мæйы иу хатт. Мыхуыр дзы кæндзыстæм аив литературон уацмыстæ. Арсены фыстытæ-иу кæс. Фæлæ иуыл хорз уаид, ахуырмæ куы бацæуис. Æцæг, цæттæ нæма дæ... Иу ног чидæр та æрбацыдис. Уый уыд типографийы директор Санахъоты Пъауле. Салам ын радта. Алыксандр æм дæле уæлæмæ скаст. - Хъус-ма, Пъауле, ницы куыст дæм ис? - Къулеры бынат мæм ис, - дзуапп ын радта Пъауле. Алыксандр мæм фæрсæджы кастæрбакодта. Къулеры бынат мæнмæ фæкаст стыр цыдæр æмæ бакатай кодтон мæхимидæг, - куыд сарæхсдзынæн? - Хорз уаид, дæхиуыл кусис, - йæ мидбылты худы Алыксандр. - Цы зæгъыс, лæппу, фæнды дæ? - бафарста мæ Пъауле. - Мæ бон нæ бауыдзæн... Уыдон худæгæй бакъæцæл сты. - Ау, дæ сæрмæ нæ хæссыс ахæм куыст? Уæд та мæ бынатмæ рацу, - йæ худынæй нал æнцад Пъауле. Алыксандр цæстæй ацамыдта Пъаулемæ, стæй мæнмæ фæлмæн каст æрбакодта: - Дæ куыст цы уыдзæн, уый зоныс? Æз мæ сæр банкъуыстон. - Уæдæ дзæгъæлы фæтарстæ, мæ хур. Дæ куыст уыдзæн редакцийæ типографийы æхсæн. Хатгай-иу æндæр искуыдæм дæр бадавдзынæ гæххæтт. Дæ бон бауыдзæн? - Уымæй æнцондæр та цы ис, - бацин кодтон æз. - Уæдæ цом мемæ, - араст мæ разæй Пъауле. Типографийы баййæфтам Коцойты Арсены. Цыдæр фыст рæстытæ кодта. Иу каст мæм фæкодта, æмæ мæм йæ цæстæнгас фæзынд æвæджиау тызмæг. - Мæнæ дын къулер. Цыма æнæзивæг уыдзæн, афтæ мæм кæсы. Афтæ райдыдта мæ службæ къулерæй. 568
II 1927 азы уалдзæджы Хуссар Ирыстоны Адæмон рухсады комиссариат Чъребайы байгом кодта ахуыргæнджыты курсытæ. Курсытæн хицауæй нысангонд æрцыд Коцойты Арсен. Истой сæм, фыццаджыдæр, ирон æвзаг хорз чи зыдта, ахæм фæсивæды. Æз дæр сфæнд кодтон уыцы курсытæм бацæуын. Уæдмæ мæхиуыл дзæвгар бакуыстон. Экзаментæ мæгуырау нæ радтон, ирон æвзагæй та - иттæг хорз. Дыккаг бон райсомæй Арсен типографимæ æрбацыд. Æз къухæй зылдтон мыхуыргæнæн машинæ. Мæн куы ауыдта, уæд йæ мидбылты бахудт. Мæ зæрдæ йæ уайтагъд базыдта, æвæццæгæн мæ, зæгъын, айстой, æндæр ма мæм кæд худт ацы ахуыргонд лæг. Мæ хъуыды раст разынд - Арсен мæ Пъаулейæн раппæлыд. - Дæ къулер æвзыгъд разынд ирон æвзагæй. - Æцæг зæгъыс? - фæдис кодта Пъауле. - Айстат æй? Уæдæ та мæ къулер агурын бахъуыд. - Цæмæн? Ахуыр фæссихор кæндзæн. Афтæ мæ куысты æдде ахуыр кæнын дæр райдыдтон. Иу ран дæр æмæ иннæ ран дæр уыдтæн Коцойты Арсены къухы. Уалынмæ цæуын байдыдта журнал «Фидиуæг». Редактор ын скодтой Арсены. Типографийы куыст-иу райдыдта райсомæй 8 сахатыл, фæлæ-иу Арсен æхсæвыцъæхæй уым балæууыди. Тынг куыстуарзаг æмæ фæразон уыд. Уыцы рæстæджы Арсены радзырд «Цы ’рцыд Фæзыхъæуы æмбисæхсæв», зæгъгæ, ууыл ныхас кодтой фæскомцæдисон организациты, сылгоймæгты æмбырдты. Радзырд «Цы ’рцы- дис Фæзыхъæуы æмбисæхсæв» фыст у критикон реализмы ме- тодæй. Чи зоны, Арсены уый нæ фæндыд, фæлæ йæ уацмыс рауадис афтæ, æмæ дзы карзæй критикæ кодта ног æгьдæуттæ. Радзырды тыххæй ныхас æрцыд партийы Обкомы Культпропы дæр. Уырдæм сидтысты Арсенмæ æмæ йæ агургæ та æз кодтон. Фондз сахаты онг кæм нæ бамидæг дæн, ахæм бынат нал баззад, фæлæ никуы разынд, æмæ Культпропмæ 569
бацыдтæн. Мæ бацыдмæ уат адæмæй уыд йе ’дзаг. Мæн дæр сбадын кодтой. Гъе, афтæмæй æз дæр æвдисæн фæдæн, мæ ахуыргæнæг, мæ хæрзгæнæджы радзырдыл куыд карз ныхас кодтой, уымæн. Райсомæй Арсен типографимæ æрцыдис тынг раджы. Пъаулейæн салам радта, йæ къухтæ йæ синты сæрыл сæвæрдта, афтæмæй фæстæмæ-размæ рацу-бацу кодта. Æз куыд рахатыдтон, афтæмæй Арсен мæстыйæ дæр æмæ цин кæнгæйæ дæр дзураг нæ уыд. Пъауле йæ тамакодон систа æмæ дзы тамако стыхта. Ничи сæ ницы дзырдта. Пъауле тамакойы фæздæг æхсызгонæн нынныхъуырдта æмæ Арсенмæ бакаст. - Хæдæгай, знон дæ ссардтой? -Чи? - Дæ радзырды тыххæй дæ хистæртæ зæрдиагæй агуырдтой. Хъаугъа кодтой... - Цы зæгъынц? - Нæ зонын, æз дæу фæрсын. Æз мæхи нал баурæдтон æмæ дзырдæппарæн бакодтон: - Тынг карзæй йыл ныхас кодтой. Арсен ме ’рдæм фæзылд. - Цы, дам, цы, лæппу? Æз, цы фехъуыстон, уый сын радзырдтон. Сæ дыууæ дæр зæрдиагæй хъуыстой, æмæ мæхицæй ныббуц дæн. Мæ ныхас фæдæн, фæлæ ма уæддæр æнæдзургæйæ лæууыдысты. Арсен йæ къæхты бынмæ каст. Пъауле æнæбары бахудт: - Ницы кæны, Арсен, афтæ дæр фæвæййы. Арсен уæззаугай йæ сæрыл схæцыд, бахудт, стæй мæнмæ æрбакаст: - Райсом ма мæм æрбацу, а-зæронд лæппу дын ног бынат бацагура... Пъауле йæм фездæхт: - Кæдæм æй нысан кæныс? - Облæсты прокурорæн секретарæй. Ирон æвзаг чи зоны, ахæм дзы хъæуы. Тынг мын лæгъстæ кодтой. 570
Хъуыдыты аныгъуылдтæн, цавæр уыдзæн мæ службæ секретарæй. Къулерæй облæсты прокуроры секретармæ сгæпп кæнай, уый мæнæ нæй. Фæлæ... - Тæрсыс, лæппу? - Цы зонын, Пъауле, æз ахæм куыстæн?.. - Базондзынæ йæ, ма тыхс. Райсомæй Арсенмæ бацыдтæн, фæлæ йæ хæдзары нæ баййæфтон. Нæ мæ фæндыд уыцы бынатмæ, æмæ мын æмбисонды æхсызгон уыд, кæй йæ не ссардтон, уый, зæгъын, мæ æфсон фæуыдзæн. Раздæхтæн, хæрæндоны рæзты фæцæуын æмæ Арсены уым ауыдтон. Кæуылдæрты мæ йæхæдæг дæр ауыдта æмæ мæм рахъæр кодта: - Лæппу, ардæм-ма рауай! Цы гæнæн ма мын уыд, æмæ йæм бацыдтæн. - Аходæн бахордтай? - бафарста мæ Арсен. Хор, доны хъæстæ нæ уыдтæн, фæлæ йын уæддæр загътон, зæгъын, бахордтон. Йæ цуры лæууын уырдыгстæгау. Арсен тагъд нæ кодта. Хæрд куы фæцис, уæддæр ма абадт, стæй уæззаугай сыстад: - Цом уæдæ мемæ. Прокуратурæмæ мæ бакодта æмæ къæсæрæй дзургæ бахызт мæ разæй: - Владимир, дæ фæндон нæ аивтай? Уæдæ дын мæнæ секретарь. Прокурор мæм æрбакаст. Æгæр нæуæндаг кæй уыдтæн, уый, æвæццæгæн, йæ зæрдæмæ нæ фæцыд: - Лæппу, цы, уый зоныс? Мæн хъæуы ахæм секретарь, йæ цæстытæ цæхæртæ кæмæн калой. - Уый тыххæй гуырысхо ма кæн, - дзуапп ын радта мæ бæсты Арсен, - хъаст дзы нæ ракæндзынæн. Иннæ бон кусын райдыдтон прокуроры секретарæй, изæрæй та ахуыр кодтон. ...Курсытæ куы фестæм, уæд куывд скодтам. Арсены дæр æрхуыдтам, фæлæ бирæ нæ фæбадт, чысыл æнæфæразгæ уыди. Наузæн райста æмæ сыстад: 571
- Бирæ бадын мæ бон нæу, æмæ мын бахатыр кæнут. Сымах каст фестут. Ацæудзыстут Ирыстоны алы къуымтæм. Бирæтæ уæ афтдзысты хæхты цъæссытæм. Сымах таудзыстут рухс нæ адæмы æхсæн. Уый кады хъуыддаг у, æмæ уын бантысæд йæ сæххæст кæнын. Курсыты фæстæ мæн ракодтой кусынмæ Фæскомцæдисы обкоммæ. Арсен дæр уайтагъд Дзæуджыхъæумæ ацыд. III Арсен ма Хуссар Ирыстоны фæстаг хатт уыди Фыды- бæстæйы хæсты рæстæджы. Азтæ сæ кæнон кодтой, фæлæ ма уæддæр Арсен уыди сæрæн, йæхи дардта хъæлдзæг, уыдис æм стыр сфæлдыстадон пълантæ. Царди Джапаридзейы уынджы. Ацы уынг уыйбæрц райдзаст нæ уыди, стæй, æвæццæгæн, йæ фатерæй дæр йæ зæрдæ нæ рухс кодта, æмæ йæ рæстæг фылдæр æрвыста уæлдæфмæ. Æхсæвы цæстæй-иу уынджы балæууыд. Хуыцаубоны Чъребайы вæййы стыр базар, æмæ-иу кæддæриддæр Арсены уым федтаис. Къухтæ-иу йæ фæсонтыл сæвæрдта, афтæмæй рацу-бацу кодта. Базары ныхас кæнын никæимæ уарзта. Æз ын уыцы миниуæг зыдтон æмæ-иу æй нæ хъыгдардтон. Фæлæ-иу хаттæй-хатт хæрхæмбæлд фестæм. - Цы ’лхæныс? - афарста-иу уый. -Æлхæнын мæ, бæргæ, бирæ цыдæртæ хъæуы, фæлæ... - Фæлæ гæдыйы къах цыбыр у, нæ? - Гæнæн нæй, хæст æгьатыр у... Арсены цæстытæ æвзонджы æрттывд фæкодтой. - Мах ныцъцъист кæндзыстæм нæ цардхалджыты. Æз æм бакастæн æмæ мæхицæн загътон: «Цæй тыхджын фыдæхдзинад судзы ацы зæронды тугдадзинты!» - Нæ рауайдзæн сæ фæнд, - йæ ныхас фидарæй дарддæр кодта Арсен. - Чи зоны, исчи афтæ зæгъы, æмæ иугæр немыц Кавказы хæхрæбынтæм æрбахæццæ сты, уæд хъуыддаг фæци, фæлæ уый нæ уыдзæн! - Раст зæгъыс, Арсен. 572
- Раст кæй зæгъын, уый мæхæдæг дæр зонын, фæлæ ма цом æмæ фæткъуытæн сæ тæфмæ уæддæр басмудæм, - Арсен мæ разæй фæраст, дыргътæ кæм уый кодтой, уырдæм. Арсен, басмудæм, зæгъгæ, кæй загъта, уый мын мæ зæрдæ фæриссын кодта, æмæ йæ фæдыл цыдтæн, мæхинымæры хæстракъахджыты æлгъитгæйæ. Арсен мæм фæстæмæ фæзылд: - Цы ныхъхъус дæ? - Ницы, мæнæ... Цардыл ахъуыды кодтон. - Хъуыды дæр цæуылнæ, фæлæ царды сæрыл тох хъæуы. Ехх, лæппу ма куы уаин! - Мæн тыххæй афтæ зæгъыс, Арсен? - Цæмæн? - Æз нырма зæронд нæ дæн æмæ... - Нæ, ды мæ зæрдæйы кæрон дæр нæ уыдтæ. - Уый та уæдæ ноджы æвзæрдæр. - Раст нæ зæгъыс! Махæн нæ хотых у пъеро, æмæ йæ хъуамæ цыргъæй дарæм, - йæ амонæн æнгуылдзыл хæрдмæ схæцгæйæ, загъта уый æмæ та фæраст. Арсен базары цæуылты фæхъуыды кæны, уый зонын мæ рагæй фæндыд, æмæ йæ афарстон: - Базармæ цæуын бирæ уарзыс, Арсен. Ам дыл арæх æмбæлын... Уый дзыхълæуд фæкодта æмæ адæмыл йæ цæст ахаста: - Хуыцауыстæн, æз ам, базары, баулæфын. «Æнæхъус Карум»-ы ма хъуыды кæныс? Ам æй базары ссардтон! - чысыл фæлæууыд, стæй та йæ ныхасмæ бафтыдта: - Цом æмæ фæйнæ сульфидины аныхъуырæм. Нæ йæ бамбæрстон æмæ йæм фæрсæджы каст бакодтон: - Æнæфæразгæ исты дæ, Арсен, цæмæн дæ бахъуыд сульфидин? Арсен бахудт. - Ныртæккæ уымæй хосдæр нæй, цыфæнды низы бациллæты дæр куынæг кæны. Æз æй æрæджиау фембæрстон. 573
Авг куы раафтид кодта, уæд Арсен сыстад, æмæ йæ фатермæ рацыдыстæм. Стъолыл уыдис æрдæгфыст гæххæттытæ, æмæ сæ уайтагъд афснайдта. - Цыдæр та фыссыс, Арсен. - Фыссын хъæуы, фыссын. Нырма Гæбоци йæ гæрзтæ не ’рæвæрдта. Стæй куы æрæвæра, уæд йæ бæсты чи кусдзæн? Размæ, размæ, Пегас! Ахæм хъæлдзæгæй йæ никуы федтон. Анызта æмæ уый тыххæй, зæгъгæ, уый зæгъæн дæр нæ уыд. - Цом-ма, хæдзары бадын мæм нæ цæуы, - фестад Арсен. - Тезгъогæнæн изæр у, æцæгæйдæр, - сразы дæн йемæ. Уынгмæ куы рахызтыстæм, уæд мæ Арсен бафарста: - Кæдæм дæ фæнды? - Мæнæн уæлдай нæу. - Цом уæдæ паркмæ. Паркмæ бацыдыстæм. Сыфтæртæ згъæлдысты æмæ нæ къæхты бын сусу-бусу кодтой. Арсен йæ размæ кæсгæ цыд æмæ сыфтæртæм хъуыста, цыма йын сусæгæй цыдæртæ дзырдтой, уыйау. Мæн нæ фæндыд йæ бахъыгдарын æмæ йæм уымæ гæсгæ ницы дзырдтон. Цæуæм æгомыгæй. Æнгузы бын æрлæууыд æмæ мæм æрбакаст: - Ам, Чъребайы, искæй зоныс бухгалтер фыссæг? Æз ахъуыды кодтон. - Радзырдтæ фыссын фæлвары æви æмдзæвгæтæ? - Цыфæнды фыссæд, хъуыддаг уый мидæг нæй. - Уæдæ? - Уæдæмæ дзы ницы рауайдзæн! Æрæджы мæм йæ къухфыст æрбахаста. Сæдæ фарсæй фылдæр. Дзæбæх хъæбæр цъар ын скодта. Нывтæ дæр ма йын сарæзта. Бакастæн æй. - Æмæ истæмæн бæззы? - Мур дæр ницæмæн! - Йæхицæн дæр ын афтæ загътай? Арсен мæм тызмæгæй æрбакаст: - Æмæ йын уæдæ афтæ загътаин, шедевр у? Комкоммæ дзурын хъæуы, комкоммæ! 574
- Комкоммæ дзурын бæргæ хъæуы, фæлæ... - Фæлæ комкоммæ нæ дзурæм, - мæсты кодта Арсен. - Цæмæн хъæуы адæймаджы сайын? Уый пайда никæмæн у: нæдæр райдайгæ фыссæгæн, нæдæр махæн. О, æмæ дын уыцы авторы тыххæй дзырдтон. Къуырийы фæстæ мæм æрбацыди. Йæ хъулæттæ йæм цыдæр кæй зындысты, уый уайтагъд бамбæрстон, йæхи куыд дардта, уымæй. Æрбадын æй кодтон мæ цуры æмæ йæ бафарстон: - Æргом ныхас дæм хъыг фæкæсы? - Нæ, хуыцауыстæн, - дзуапп мын радта уый. - Раст ныхас хъыг кæмæ фæкæсдзæн? - Уæдæ æз демæ дзурдзынæн æргомæй. - Дæ хорзæхæй, дæ хорзæхæй, - йæхимидæг тыхсгæйæ, сдзырдта уый. - Уæдæ хъус. Дæ уацмыс нæ бæззы. Обрæз дзы нæй. Уæдæ архайдæй куы зæгъæм, уæд дзы ахæмæй дæр ницы ис. Литературон æвзагæй фыст нæу... - Арсен иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд, дард кæдæмдæр кæсгæйæ, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: - Дæумæ гæсгæ, мæнæн æнцон уыд йемæ афтæ ныхас кæнын? Фыссæджы куыст æнцон нæу æмæ, хъулæй хъазæгау кæмæ кæсы, уымæн æй комкоммæ зæгъын хъæуы! Арсен иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй йæ ныхас æндæрырдæм аздæхта: - Иу хъуыддаг мæ зæрдæмæ нæ цæуы... Арсенмæ уыд иу ахæм миниуæг, æмæ-иу æй зæгъын цы фæндыд, уый уайтагъд нæ бамбæрстаис. Æз æм æнхъæлмæ кастæн, уæдæ цы зæгъдзæн, цы нæ цæуы йæ зæрдæмæ, зæгъгæ. - Мæнмæ афтæ зыны, цыма нæ кæрæдзийы сфæлдыстад хорз нæ зонæм, - йе ’рфгуытæ сæлхынцъ кодта лæг. - Цалынмæ нæ кæрæдзи базыдтам, уæдмæ уыйбæрц ницы ныффыстай, ныр та дæ кæсгæ уыйас ницыма бакодтон æмæ цы зæгъон? Хуссары фысджытæй фыццаг ды ныффыстай роман. Уый чысыл хъуыддаг нæу, фæлæ дын цас бантыст, уый тыххæй мæ бон зæгъын ницы у. Роман ныффыссынæн дæсныдзинад хъæуы. Кæуыл ахуыр кæныс стыр фысджытæй? 575
- Алкæуыл дæр, - хъуыды дæр нæ акодтон, афтæмæй йын дзуапп радтон. - Уый гæнæн нæй, æмæ алы фыссæджы дæр фæзмай. Уый хорз нæу. Уæд фыссæгæн йæхи цæсгом никуы уыдзæн. Уырыссаг стыр фысджытæй кæй фылдæр кæсыс? Æз ын сæ ранымадтон. - Æмæ нырыккон фысджытæй та? - Шолоховы, стæй иннæтæй дæр бирæты. - Шолоховы дæр кæсын хъæуы, фæлæ Чеховы кой нæ кæныс æмæ кæд Чеховы нæ кæсыс, уæд дæуæй фыссæг нæй. Чеховы æрмæст кæсын нæ хъæуы, фæлæ йæ ахуыр хъæуы. Уый кæсгæйæ, æнæмæнг дæ къухы хъуамæ уа кърандас. Литературæйы ад куы бамбæрстон, уæдæй нырмæ Чехов у мæ уарзондæр ахуыргæнæг, æмæ йын йæ кой кæй не скодтон, уый мæхимæ дæр дис фæкаст. - Дунейы классиктæй та кæй кæсыс? Джек Лондоны, Мопассаны?.. - Арсен зæрдæбынæй ныххудти. - Сылгоймаг... Уарзондзинад... - Литературон уацмысы æнæ уарзондзинад куыд ис гæнæн?.. - Цæуылнæ? - йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта Арсен. - Цы у уарзондзинад? - Уарзондзинад, мæнмæ гæсгæ, у цард, æмæ царды уарзондзинад куынæ уа, уæд нæй уæлтæмæнад дæр. Мæ бон у æмæ афтæ дæр зæгъон - литературæ у адæймаджы царды айдæн. Уыцы айдæны куы акæсай æмæ дзы уарзондзинад куынæ фенай, уæд... - Чи зоны, рæстытæ дзурыс, - цыма зæрдæйæ мемæ разы нæ уыд, уый тылд бакодта йæ сæр, - фæлæ литературæ ахæм хъуыддаг у, æмæ йын æнæхъæнæй дæхи куынæ радтай, уæд дæ фæллæйттæ дзæгъæлы сты. Нæ фысджытæй иуæй-иутæ цæуыл фæфыссынц, уый хорз нæ сахуыр кæнынц, æмæ сæ фыстытæй аивадон уацмысты бæсты рауайы арвистон. Бирæ фæрацу-бацу кодтам бæлæсты бын, стæй цады был даргъ бандоныл æрбадтыстæм. Арсен æдзынæгæй каст доны 576
сабыр змæлдмæ. Зæронд хæрис бæлæсты сыфтæртæ иугай згьæлдысты æмæ, нæ сæрты зилахаргæнгæ, цадмæ хаудысты. Цыма æрдæбоны хъуыды кæронмæ нæ фæци, ахæм хуызы та райдыдта Арсен йæ ныхас: - Фыссæг цæмæй суай, уый тыххæй курдиат хъæуы. Зæгъæм, дохтыр, агроном, инженер æмæ æндæр ахæм дæсныйады кусджыты цæттæ кæнынц институтты, фæлæ фыссæг, аивадон кусджытæ æрдзæй рахæссынц сæ талант. Мæнæй цæй музыкант рацæуид, кæд æмæ мæ хъус музыкæйы зæлтæ нæ ахсы, уæд. Барвит мæ консерваторимæ æмæ рæстæг фесафдзынæн. Æцæг курдиат хъæуы тынг кæнын, классиктыл ахуыр кæнын. Кусын хъæуы бирæ, тынг бирæ. Арсен йæ дзурынæй фæлæууыд. Талынг цадмæ каст, цыма йæ хъуыдытæ æмбырд кодта, уыйау, стæй сындæггай загъта: - Къоста цас хъару хардз кодта иу стих ныффыссыныл! Бакæс-ма йын йæ писмотæ... Æз мæхæдæг исты куы фæфыссын, уæд ыл цас тых бахардз кæнын, уымæн зæгъæн дæр нæй. Æппæт дæр мæ ферох вæййы. Хуыссæг дæр æмæ хæрд дæр. Адæймаджы бадт не ’ркæндзынæн. Иу хатт Бетъырбухы театры уыдтæн æмæ, сценæмæ кæсгæйæ, мæ сæры цыдæр хъуыды февзæрд. Æмæ цы æнхъæл дæ? Мæ алфамбылай цы цыд, кæм бадтæн, уый дæр мæ ферох. Акты кæронмæ дæр нал бакастæн, афтæмæй рацыдтæн мæ фатермæ. Арсен бандоны чъылдымыл йæхи фæстæмæ ауагъта. Къухты æнгуылдзтæ кæрæдзийы мидæг атъыста æмæ æдзынæг каст цадмæ. Æрæджиау мæ бафарста: - «Дзæбидырдзуан» бакастæ? - Худинаг дæр ма уаид. - Шедевр! Кæсыс æй, æмæ дæм афтæ зыны, цыма кадæг кæсыс. Иу уæгъд ныхас дзы нæй. Стæй цы аивадон фæрæзтæй пайда кæны? Метафорæтæ, абарæнтæ дзы мæнæ-мæнæ арæх не сты, фæлæ уæддæр æнæхъæн поэзи у. Махæй та йæ исчи куы фыстаид, уæд метафорæтæ, эпитеттæ иуыл ранымадтаиккам... - Къæсса, дæумæ дзурын, гæбæт, ды мæ бамбар... Арсен та иучысыл æнæдзургæйæ абадт, стæй загъта: 37 577
- Лæгмæ хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр цы ис, ууыл куы сæтта, уæд хорз у. Ды дæр цыма æгæр тагъд кæныс. Дæ аргъæуттæ дын бакастæн. Сæ хъуыдыйы тыххæй ницы зæ- гъдзынæн, фæлæ сыл нырма бирæ кусын хъæуы. Фыццаджы- дæр уый, æмæ æгæр даргь сты; дыккаджы, арæх ахизыс аргъа- уæй радзырды кондмæ кæнæ та очеркы стильмæ. Нæма нæм ис нырыккон аргъау, æмæ хорз уаид, дзæбæх сыл куы баку- сис. Кæнæ, зæгъæм, дæ радзырд «Нæртон æфсургъ»-æй. Мæ зæрдæмæ фæцыд. Фæлæ дæ иннæ радзырд «Мады цæссыг...» Кæмæн æй фыстай? Зын кæсæн у. Ахорæнтæ æгæр стыгуыр кæныс. Ахъуыды ма кæн, нывгæнæг ахорæнтæ иу ран куы ны- ккала, уæд уымæй цы рауайдзæн? Æз бахудтæн: -Фæлæ, дам, кас царвæй æвзæрдæр нæ кæны, æмæ аивадон литературæйæн та йæ ном йæ уæлæ ис. Нæ фысджытæй иуæй- иутæ фыссынц газеты æвзагæй. Сæ уацмысты иу ныв не ссардзынæ... Арв бынтон нытталынг, æмæ цад нæ разы æнæбын сау уæрмы хуызæнæй лæууыд. Бæрзонд хæрис бæлæстæ, пæлæхсар æнгузтæ йæ ноджы тардæр кодтой. Цард-иу парчы ацафон райдыдта, фæлæ ныр хасты хуызæнæй лæууыд, æдзæрæг хæдзарау. Арсен сыстад: - Цом-ма, мæ талынг къуымыл мæ сæмбæлын кæн! IV Цалдæр боны фæстæ хъæуæй æрыздæхтæн æмæ та Арсенимæ фембæлдыстæм. - Куыдтæ сты хъæуы? - бафарста мæ Арсен. - Хæсты хæбæрттæй цæрынц. Уæлахизмæ æнхъæлмæгæсгæйæ. Иукъорд боны газет нал бакастæн, радиомæ нал байхъуыстон. Цы ног хабар ис, Арсен? - Фæлæуу-ма, дæ хуын уал дын фенон, - бахудти уый. , Фронты уæлахиздзинæдтыл цин кодта сывæллонау. - Тагъд цæуын фæстæмæ нæхимæ, - дзырдта Арсен, - æмæ фыссын райдайдзынæн ирон адæмы хъæбатырдзинадыл. 578
Кусын нæ бирæ бахъæудзæн, тынг бирæ. Фашизмы сау тыхтæй прогрессивон адæмы цы æфсад ирвæзын кæны, уый хæстонты, командирты хъæбатыр хъуыддæгтæ равдисын стыр кады хъуыддаг у. Цæмæндæр мæ зæрдыл æрбалæууыдысты 1927-28 азтæ. «Фидиуæджы» уыд ахæм хай, «Арвистон», зæгъгæ. Æвæццæгæн, уым цыдæриддæр мыхуыргонд цыд, уыдон иууылдæр уыдысты Арсенæн йæхи фыст. Уæд нæ фысджыты нымæц хæрз чысыл уыд. Мыхуыры чи куыста, уыдон-иу æрæмбырд сты, æмæ-иу сын Арсен йæ «арвистонтæ» каст. Мах-иу гуыбынхæлдтæ кодтам фыр худæгæй. Нывтæ дæр-иу сын арæзта йæхæдæг. Гитлеры ныхмæ цыдæр кæй фыста, уый мын уый размæ бон дзырдта. Куы мын æй бакастаид, уый мæ тынг бафæндыд, æмæ йæм бахатыдтæн: - Исты ма мын бакæс. Арсен æдзух йæ хъудытытæ æргом нæ дзырдта. Фæлæ мын кæддæр зæрдæ бавæрдта йæхи ног радзырд бакæсынæй. Дыккаг бон мæм йæхæдæг фæзынд. Афтид армæй батых- стæн: - Афтæ дзырд куынæ уыдыстæм. - Æмæ цæмæй фæтарстæ? - Афтид «сульфидины» уазæг мын нæ дæ... Арсен дыууæ куы анызта, уæд бахъæлдзæг. Цин кодтон, зæгъын, мын ныртæккæ йæ ног радзырд кæсын райдайдзæн, фæлæ фыдæнхъæл фæдæн. Бахудт æмæ мын афтæ: - Фыст мын нæма фæци, куыддæр æй фæуон, афтæ дын æй бакæсдзынæн. Цы радзырды кой мын кодта, уый ныффыста æви нæ, нæ зонын абон дæр, фæлæ та мын мæхицæн бакæсын кодта мæ радзырд «Мады цæссыг». Æз кæсын райдыдтон. Арсен рафт-бафт кодта йæ бандоныл, цыма йæ быны сындзытæ уыд, уыйау. Фæстагмæ рудзынджырдæм йе ’ргом аздæхта æмæ мигътæй æхгæд арвмæ нымдзаст. Æз каст фæдæн, фæлæ уый уæддæр йе ’ргом ме ’рдæм нæ раздæхта. Новеллæ йæ зæрдæмæ кæй нæ фæцыд, уый бамбæрстон æмæ мæхи раст кæнынмæ фæдæн: 579
- Нырма æххæст куыст нæу. Цухдзинæдтæ дзы бирæ кæй ис, уый мæхæдæг дæр æмбарын, фæлæ дын æй уымæн бакастæн, цæмæй мын баххуыс кæнай. Арсен мæм цæхгæр фæзылд: - Тагъд нæ хъæуы! Бамбæрстай? Уæлдайдæр та уымæн, æмæ ды хæсты хъуыддæгтæ хорз нæ зоныс. Дæ геройтæ цыдæртæ аразынц, фæлæ сæ æз нæ уынын, цавæр адæм сты? Типтæ, характертæ равдисын дын нæ бантыст. Цæмæн? Фæтагъд кодтай. - Тагъд кæнын æнæмæнг хъæуы. Хæст... рæстæг махмæ нæ кæсы. Йæ фæдыл хилæм, уый бар нын нæй. Арсен мæм æнæдзургæйæ нымдзаст. - Нæ дæ æвдæлы, кæнæ тагъд кæныс, уый чиныгкæсæджы хъуыддаг нæу. Кæд дæ фæнды, æмæ дæ радзырд бирæ фæцæра, уæд тагъд ма кæн. Дзæбæх ыл бакус. Арсен та æнæдзургæйæ алæууыд, стæй мæ бафарста: - Фехъуыстай, нæ адæм знагæн цытæ кæнынц, уый? Зæрондæй, æвзонгæй - æмхуызонæй сыстадысты. Иу чызг кæмдæр Дыгуры ’рдыгæй диссæгтæ бакодта фашисттæн. Тагъд фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ здæхын æмæ æрмæг æрæмбырд кæндзынæн уыцы чызджы тыххæй æмæ йыл æнæмæнг чиныг ныффысдзынæн. Чиныг ныффысдзынæн ирон партизанты тыххæй дæр. Нæ адæмæн хъайтардзинад фыдæлтæй баззад. Немыцæгтæ ирон зæххыл сæхицæн хъарм ахстон скæнын æнхъæл уыдысты, фæлæ сын нæ рауад! Бакус дзæбæх дæ уацмыстыл, æз дæр кусдзынæн, æмæ фенæм, кæддæра, чи кæй? -Уый та куыд зæгъыс, Арсен? Арсимæ мын кæрдо цæгъдын кæныс? Арсен зæрдæбынæй ныххудт: - Зæронд дæм хъæбысæй хæцынмæ рацæуа æмæ дзы фæтæрсай, уый худинаг у. Арсенæн йæ къухы нал бафтыд йæ фæндтæ сæххæст кæнын - æгъатыр мæлæт ын йæ цард аскъуыдта. Уыцы фембæлды фæстæ æз Гудзаретгоммæ ацыдтæн, æмæ уæдæй фæстæмæ кæрæдзийы нал федтам, цалынмæ Цæгат Ирыстоны Паддзахадон театримæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ здæхт, 580
уæдмæ. Цы æхсæв цыд, уый размæ бон ын загътон, цæмæй мæм изæры 5 сахатыл æрбацыдаид уазæгуаты. Æз ын цыдæртæ бацæттæ кодтон фæндагмæ. Æнхъæлмæ йæм кæсын, æмæ нæ зыны. Рæстæг цæуы, æз тыхсын. Куынæ зынд, уæд æм агурæг ацыдтæн. Арсен йæ фысымæн бафæдзæхста, зæгъгæ, дам мæ исчи куы агура, уæд уыдзынæн Абайты Васомæ. Уый цард йæ æфсымæр Симонмæ, æмæ йæм уырдæм ацыдтæн. Арсен мæ къæсæрæй бахизгæ куыддæр ауыдта, афтæ фынджы цурæй фестад æмæ мæм нуазæнимæ йæ къух радаргъ кодта: - Фæсайдтон дæ, фæлæ хатыр. Мæнæ ма иу рæгъ ракодтаин, æмæ стæй дæумæ цыдыстæм. Æццæй нæ, Васо? Арсены ацы хатты хуызæн æнкъардæй никуы федтон. Йæ цæстытæ доны зылдысты, йæ рихитæ дæр уыдысты уымæл, цыма сыл йæ цæстысыг фæтагъд, уыйау. Бирæ нæ бафæстиат дæн Абайтæм. Арсен фæллад уыд, æмæ йæ æз нал батыхсын кодтон. Афæндараст кæнынмæ йæм вагзалмæ ацыдтæн. Станцæйы раз иунæг вагон дæр нæ уыд. Æз хорзау нал фæдæн. Байрæджы кодтон? Фæстæмæ куыд фездæхтæн, афтæ мыл Саулохты Мухтар хæрхæмбæлд фæцис: - Кæй онг? - Æз Арсены агурын, фæлæ ды тæ кæдæм рабалц кодтай? - Мæнæ Цæгаты театр цæуы æмæ сæ афæндараст кæнон. - Уæдæ æз та Арсены афæндараст кæнынмæ æрбацыдтæн, фæлæ цы фесты? - Уæртæ тупиччы лæууы сæ эшелон. Æз æй ссардтон. - Куыд дæ, Арсен? - Чысыл мæ сæрæн нæ дæн, фæлæ ницы кæны. Тæрсгæ мын ма кæн, - йæхи фидарæй равдисыныл архайдта Арсен. - Уазалæй дæхи бахъахъхъæн. Фæндаггæгты тыхтон æм слæвæрдтон: 581
- Мæнæ дзы иу авг дæр ис гудзареттаг «сульфидинимæ», æмæ дын ма асæттæд. - Диссаджы хос ацы уазалы. Мах дзы дæ цæрæнбоны тыххæй акувдзыстæм. Æз батагъд кодтон рацæуыныл, уымæн æмæ йæ ныхасæй бæрæг уыд, тыххæй кæй дзуры. Йæ къух ын райстон æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма тæвд кæны. - Фæндараст, Арсен! Дæ дзæбæхтæ нæм хъуысæнт. - Бузныг, стыр бузныг! - мæ къух мын зæронды æлхъывд ныкодта Арсен. Талынг вагоны къуырттытæгæнгæ рацæйцыдтæн, æмæ цавæрдæр æнкъарддзинад мæ зæрдæйыл æрынцад. Арсен ма мæм фæстейæ дзырдта: - Хæст куыддæр фæуа, афтæ дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн сæрибар Ирыстоны. Фæлæ уый уыдис мæ фæстаг фембæлд ирон адæмы номдзыд фыссæгимæ. —<ою>- 582
Мæхæмæтты Л. ХУЫЗДÆРÆЙ-ХУЫЗДÆР КÆНЫ ИРОН ЗÆХКУ СДЖЫТЫ ЦАРД Цæгат Ирыстоны Советон хицаудзинад куы райдыдта, уæдæй нырмæ рацыд æрмæст дыууиссæдз азæй чысыл фылдæр. Уыцы рæстæджы дæргъы ирон адæмы царды уыйбæрц бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, æмæ се ’ппæты тыххæй зын радзурæн у цыбыр статьяйы. Уæлдай тынгдæр та аивта ирон зæхкусджыты цард. Ирон колхозон зæхкусджыты царды уавæртæ куыд хуы- здæрæй-хуыздæр кæнынц, уый лæмбынæгдæр бамбарыны тыххæй нæ цæст ахæсдзыстæм революцийы агъоммæйы зæх- кусджыты цардыл. Революцийы агьоммæ кæд ирон зæхкусæг æхсæвæй-бонæй куыста, уæддæр йæ фæллой йæ бинонтæн мамæлайы къæбæры фаг йеддæмæ нæ кодта. Зæхкусæг дзыллæтæ æййæфтой æххормаг, уыдысты мæгуыр. Ирон хъæутæй иуы - Тæмисчъы - тыххæй 1907 азы газет «Голос Кавказа» йæ 61-æм номыры фыста: «Тæмисчъы бакастæй зæрдæ уазал кæны. Хъæмпæй гæзæмæ æмбæрзт æнæ рудзынг, æнæ пец мæнгæфсон хъæдын агъуыстытæ къутæрты æхсæнты. Алырдыгæй - хъæд. Хъуг, йе род зынæг нæй. Хъæуæй адæймаджы зæрдæ бынтон бауазал вæййы, хæдзæрттæм мидæмæ куы бацæуай, уæд: бызгъуырты мидæг чъизи агъуысты хуыссынц æнахъом сывæллæттæ, рынчын нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ, урсзачъе зæрæдтæ. Æххормагдзинад, низтæ æмæ мæгуырдзинад згæйау хæрынц хъæуы цæрджыты. Дæс азы онг сывæллæгтæ, дзабыр цы у, уый зонгæ дæр нæ кæнынц. Сæ дарæс хуыздæр нæу ас адæмæн дæр. Æз ахæм адæймæгтæ федтон, - фыссы автор, - æмæ афæдзгæйттæ иуы фæлыст йеддæмæ мидæггаг дзаума кæмæн нæй. Уыцы мæгуырдзинады ахоссаг у, зæхх кæй нæй, уый. Тæмисчъы цæрджытæн сæ бон нæу хуымæтæджы кæрдзынæй 583
дæр сæ гуыбын бафсадын. Уыцы иумæйаг бæллæхтæм ма ноджыдæр бафтау, афæдзæй-афæдзмæ фылдæр чи кæны, уыцы арендæйы æргътæ. Фылдæрæй-фылдæр кæнынц æхсæнадон хæрдзтæ дæр (ома, хъалон - М. Æ.). Ныртæккæ Тæмисчъы скъола нæй, сабитæй иу дæр нæ ахуыр кæны. Хъæуы мидæг нæй дохтыр дæр, афтæмæй адæм та дохтыртыл сæ зæрдæ дарынц, зæххон хуыцæуттæ сæ хонынц. Утæппæт хъуагдзинæдтæн ма ис иу стыр уæлæмхасæн - хъæуы алыварс цы сау хъæд ис, уымæй Тæмискъ у æнæхай». Мæгуыр æмæ æххормаг уыдысты иннæ хъæуты фæллой- гæнæг дзыллæтæ дæр. Стыр æмæ «хъæздыг» быдираг хъæуты чи цард, уыцы фæллойгæнæг зæхкусджыты цард дæр хуыздæр нæ уыд хæххон хъæуты цæрæг зæхкусджыты цардæй. Мæнæ куыд фыста Гарданты М. Чырыстонхъæуы (ныртæк- кæ Дыгуры) фæллойгæнæг зæхкусджыты тыххæй: «Уыдон цæрынц хъæмпæй кæнæ дурæй æмбæрзт æнæпец къаннæг зæхбын хæдзæртты. Арт кæнынц хæдзары астæу, къонайы, æмæ фæздæг цæстытæ къахы... Агъуыстæн цар нæй, йæ къулты дымгæ футт кæны, æмæ ма уый руаджы ирвæзынц мæгуыр лæджы бинонтæ гæвзыкк агъуысты фæздæг æмæ смагæй. Агъуыст у уымæл æмæ чъизи, æмбыды тæф кæны. Хуыссæнты бæсты цавæрдæр бызгъуырты зæххыл хуыссынц хæдзары дзаг сывæллæттæ æвæгæсæгæй, уымæн æмæ сæ ныййарджытæ хæдзары не сты, зымæджы дæргъы кулактæй цы фæхæсджын сты, уый ныр се ’рагъæй фидынц йæ хуымты. Агъуысты сæхицæн æрбынат кодтой алыхуызон æлгъаг хилджытæ. Сывæллæттæ - æнæхсад, чъизи, цола, - афæдзгæйттæ æхсыр сæ цæстæй дæр нæ уынынц. Хæдзары дзаума æдæппæтæй - къæрта, хъæдын къустæ, уидгуытæ, артдзæсты сæрмæ рæхысыл ауыгъд цæнгæт аг» (Гарданты М. «Чырыстонхъæуы царды æвдисæнты». Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн институты фыстытæ, фыццаг рауагъд). Ныртæккæ бынтон æндæрхуызон у зæхкусджыты цард ирон хъæуты, нал ын ис базонæн. Колхозон цардæвæрд хъæутæн канд сæ социалон цæсгом нæ аивта, фæлæ зæхкусджытæн аивта сæ культурæ дæр æмæ сæ экономикæ дæр. Колхозты 584
æнæуаргæ фондтæ азæй-аз фылдæр кæй кæнынц, уый колхозон зæхкусджытæн радта сæ цард бынтон аивыны фадат. Колхозты пайдатæ фылдæр кæй кæнынц, уый дæр, стæй колхозон цардæвæрд цы ног æгъдæуттæ æрхаста, цы стыр фадæттæ радта, уыдон дæр бынтон аивтой канд куысты æууæлтæ нæ, фæлæ зæхкусæг йæ бинонтыл цы хъауы, хардз кæны, уымæн йæ ас æмæ йæ характер дæр. Колхозон зæхкусджыты цард хъæздыгæй-хъæздыгдæр кæй кæны, уымæн æвдисæн сты мæнæ ахæм бæрæггæнæнтæ: рæстæмбис нымадæй ССР Цæдисы хъæуты 1938 азы хъуымац æмæ уæлæйы дарæс уæйгонд æрцыд 1932 азæй 210,8 проценты фылдæр, къахы дарæс - 163,4 проценты фылдæр, сапон, стæй санитарийы æмæ гигиенæйы иннæ предметтæ - 269,3 проценты фылдæр, алыхуызон кулыурон товартæ - 592,1 проценты фылдæр. Æхсæнадон хæлц дæр лымайгæйæ, 1938 азы æдæппæт хъæуты товартæ уæйгонд æрцыд, 1932 азы цас уæйгонд æрцыд, уымæй 29 миллиард сомы аргъ фылдæр, ома 327 проценты (статьяйы мидæг æфтиæгтæ æмæ æргътæ нымад цæуынц зæронд æхцайæ). Дзæвгар фæфылдæр сты, зæхкусджытæ цы хойраджы товартæ æлхæнынц, уыдон дæр. Зæгъæм, 1938 азы сæкæр уæйгонд æрцыд 1933 азæй 7,8 хатты фылдæр. Колхозты æхцайы æмæ натурæйы æфтиæгтæ уæлдай фыл- дæр фесты, бæстæйы хъæууонхæдзарадон куыстад цæхгæр фæхуыздæр кæныны тыххæй Парти æмæ Хицауад цы зынд- гонд мадзæлттæ сарæзтой, уыдоны фæстæ. Зæгъæм, 1953 азимæ абаргæйæ, 1960 азы Цæгат Ирыстоны нæмыгджын хортæ фесты 1,6 хатты, фос алы 100 гектары хы- гъдмæ - 4 хатты, æхсыр - 6 хатты, æйчытæ - 5,3 хатты фыл- Дæр. 1953 азы 797 килограммы бæсты рæстæмбис нымадæй 1959 азы алы хъугæй дæр æхсыр дыгьд æрцыд 2324 килограм- мы, стурвосы нымæц 66,1 минæй схæццæ 88,4 мин сæры онг. Уыймæ хъомты нымæц фæфылдæр 2 хатты, хуыты нымæц - 4 хатты бæрц. 1953 азы 71,7 милуан сомы бæсты æхцайы æфтиæгтæ 1958 азы уыдысты 227 милуан сомы. 1959 азы ма уыцы нымæцыл бафтыд 88 милуан сомы. 585
Колхозты æфтиæгтæ фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц, уый фадат радта ирон колхозон зæхкусджыты цард бæлвырд фæхуыздæр кæнынæн. Бæстæйы фылдæр колхозты хуызæн, Цæгат Ирыстоны АССР-йы колхозты дæр фæллойбон у куыст барыны фæрæз æмæ æфтиæгтæ уарыны барæн. Колхозон цас фылдæр фæллойбонтæ бакуса, стæй йæ фæллойæн цас фылдæр мызд фыст цæуа, уыйбæрц фылдæр уыдзысты йæ æфтиæгтæ дæр. Æхцайæ уæлдай ма колхозонтæ сæ фæллойбонтæн исынц хор æмæ æндæр продукттæ. Рæстæмбис нымадæй нæ республикæйы алы колхозон хæдзар дæр 1956 азы йæ фæллойбонтæн райста 91 путы хор æмæ 1 632 сомы æхца. Раззагдæр колхозты та ноджы фылдæр сты колхозонты æфтиæгтæ натурæйæ дæр æмæ æхцайæ дæр. Колхозонтæ бирæ продукци исынц уæлæмхасæн мыздæн дæр. 1956 азы нæ республикæйы уæлæмхасæн мызд фыст æрцыд: згъæлд хор - 168 мин путы, картоф - 1640 тоннæйы, хос - 1420 тоннæйы, æхсыр - 671 мин литры, 58 мин айчы, 100 роды, 2700 хуыйы хъыбылы æмæ 1600 уæрыччы. Ногиры Калинины номыл колхозы колхозон Бедойты А. хæдзары 1959 азы уыд 4 куыстхъом адæймаджы. Уыцы аз уыдон сæ фæллойбонтæн æрмæст аванс райстой 3 тоннæйы картоф, 2,5 тоннæйы мæнæу, 6 тоннæйы нартхор, бирæ æхца. Уымæй дыууæ азы раздæр Бедойы-фырты бинонтæ сарæзтой, 4 уаты кæм ис, ахæм агуыридур хæдзар, балхæдтой хæдзары дзаума: шифоньертæ, сынтæджытæ, скъаппытæ æмæ æндæртæ, уæлæйы дарæс æмæ къахы дарæс. Уыцы колхозы колхозон Кочиты П. бинонтæ 1957 азы сæ фæллойбонтæн райстой 7,5 тоннæйы хор, 3 тоннæйы картоф, бирæ халсартæ æмæ 9300 сомы æхца. Кочийы-фырты бинонтæ алы аз колхозæй цы бирæ æфтиæгтæ исынц, уыдон сын фадат радтой сынтæджытæ, шифоньер, диван, стъолтæ æмæ бандæттæ, бирæ уæлæйы дарæс æмæ къахы дарæс балхæнынæн. Уыдон кæнынц хъæздыг æмæ культурон цард, сæ хæдзары ис, 1000 томы бæрц чингуытæ кæм ис, ахæм библиотекæ, исынц 5 газеты, 2 журналы. 586
Кочийы-фырты бинонты хуызæн бинонтæ Калинины номыл колхозы иу æмæ дыууæ нæй. Ногираг Абайты Соскъо революцийы размæ сидзæрæй баззад земæ астаздзыдæй йæ хистæр æфсымæримæ фосджынтæм æххуырсты бацыд. Фыццаг хызта уæрыччытæ, фараст азы йыл куы рацыд, уæд та иннæты æмхуызон фиййау цæуын байдыдта. Соскъо йæ зын куыстæн æдæппæт мызд иста авд путы хор. Цæгат Ирыстоны Советон хицаудзинад æвæрд куы æрцыд, уæд æфсымæртæ ралыгъдысты Ногирмæ æмæ уым сæхицæн хæдзар сарæзтой, бацыдысты колхозмæ. Абайы-фырт колхозы аивта йæ зæронд професси - уый 1934 азы сси шофыр æмæ уæдæй фæстæмæ кусы машинæйыл. Йæ фæллойбонтæн кæй исы, уыцы æфтиæгтæй Соскъо канд йæ бинонты нæ дары, фæлæ ма сарæзта, 3 уаты æмæ къæбиц кæм ис, ахæм ног агуыридур хæдзар, балхæдта хорз хæдзарыдзаума. 1959 азы Абайты Соскъо йæ фæллойбонтæн нартхор æмæ мæнæу райста 6 тоннæйы, æхца та 7 мин сомы. Колхозон фæллойбоны æфтиæгтæ куыд бирæ сты, уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ иунæг кусæгæн йæ бон у йæхи фæллойæ æппæт бинонты дарын. Уыцы хъуыддагæн æвдисæн сты Кировы хъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл колхозы колхозонтæ. Зæгьæм, колхозон Моурауты Спиридон 1959 азы йæ фæллойбонтæн райста 10 мин сомы æхца æмæ 3900 килограммы хор; Дзоцциты Хазби - 14 мин сомы æхца æмæ 4468 килограммы хор; Боциты А. - 15248 сомы æхца æмæ 6100 килограммы хор. Уыдон ма ноджыдæр райстой бирæ халсартæ æмæ æндæр продукттæ. Колхозон цардæвæрд зæхкусджыты цард бынтон кæй аивта, уымæн хорз æвдисæн у фосдарыны куыстгæнджыты цард, ома паддзахы рæстæджы зæхкусджыты тæккæ мæгуырдæр хайы Цард. Дзырдæн зæгъæм Къостайыхъæуы К. Марксы номыл колхозы колхозон Гиоты Хасаны тыххæй. Гиоты Хасан ныртæккæ у хистæр фиййау. Уымæн йæ афæдзы æфтиаг у, революцийы размæ Ирыстоны къорд бинонты æфтиаг цас уыд, уымæй фылдæр. Зæгъæм, йæ 587
фæллойбонтæн 1957 æмæ 1958 азы Гиойы-фырт райста 58 мин сомы æхца, 12 тоннæйы мæнæу, 15 тоннæйы нартхор. 1958 азы уый уæлæмхасæн мыздæн райста 10 фысы. Хасаны бинонтæ бирæ райстой халсартæ, картоф, царв. Уыдон сарæзтой хорз ног хæдзар. Колхозон цардæвæрд рынчыны рæстæг кæнæ зæронды бонты колхозонтæн дæтты материалон æххуыс. Уый тыххæй алы колхоз дæр кæрæдзийæн æххуыс кæныны æхсæнадон фондмæ дæтты йæ пайдаты 2 проценты. Ахæм æххуыс лæвæрд цæуы инвалидтæн, зæрæдтæн, рæстæгмæ куыстхъом чи нæуал у, уыдонæн, сидзæртæн, Советон Æфсады службæгæнджыты бинонтæй хъуаг чи æййафы, уыдонæн æмæ æндæртæн. Фыл дæр колхозтæ зæрон ды тыххæй æмæ æнæку ыстхъомтæн фидынц пенси, рынчыны рæстæг та - пособитæ. Дзырдæн зæгъæм Карцайы Ленины номыл колхозы тыххæй. 1960 азы январæй фæстæмæ ацы колхоз фæллойбонтæй пенситæ фиды хæрз зæронд колхозонтæн, инвалидтæн, йæ дарæг кæмæн нал ис, уыцы бинонтæн. Пенсийы тыххæй цы фæллойбонтæй фыст цæуы, уыдонæй алкæмæн дæр ис 3 сомы æхца, 2 килограммы хор, 1 килограмм картоф. Уымæй уæлдай, колхозы правлени уыдонæн снысан кодта натуралон пособи - мæй 16 килограммы хор. Уыцы пособи лæвæрд цæуы æртæ азы дæргъы. Пенситы хъуыддаг баргонд у кæрæдзийæн æххуыс кæныны кассæйæн. Кæмæн æмæ цас пенси хъуамæ лæвæрд цæуа, уый алы колхоз дæр бæрæг кæны йæхæдæг. Кæд Ленины номыл колхоз пенсийы иу хай æхцайæ фиды, дыккаг хай та - хорæй, стæй ма уымæй уæлдай æртæ азы дæргъы пособитæ дæтты, уæд Кировы районы колхоз «Хуымæллæг» та пенситæ фиды натурæйæ. Зæгъæм пенсионер Бедойты Темырхъанæй. Уый колхозы куыста йæ райдайæнæй фæстæмæ. Фæстаг 20 азы дæргъы уый æнæ аивгæйæ фæцыд фиййау, йæхиуыл никуы бацауæрста, йæ къухы æфтыд хорз æнтыстдзинæдтæ. Фæлæ Темырхъан æндыснæгæй фæрынчын æмæ йын кусæн нал уыд. Зын рæстæг колхоз Темырхъаны нæ ферох кодта, нысангонд ын æрцыд пенси - мæй 15 фæллойбоны, 1,5 путы ссад, 5 килограммы пырындз æмæ æндæр продукттæ. 588
Мæнæ æндæр æвдисæн. Дур-Дуры хъæуккаг Хадаты Надяйыл сæххæст 61 азы. Уыдонæй 34 азы бакуыста колхозы, 21 азы фæкуыста звеноводæй. Иудадзыг хъæздыг тыллæг зайын кæнын йæ къухы кæй æфтыд, уый тыххæй Надяйæн лæвæрд æрцыд Ленины орден. Йæ активон куысты тыххæй йын бирæ хæттыты лæвæрд æрцыд премитæ, грамотæтæ, лæвæрттæ. Ныр Надяйæн йæ бон колхозы кусын нал у, æмæ йын пенси нысангонд æрцыд алы мæй дæр 40 сомы ног æхцайæ. Колхозонты æнæниздзинад фидар кæныны тыххæй ныр цалдæр азы дæргъы колхозонтæ колхозы хардзæй æрвыст цæуынц санаторитæм æмæ фæлладуадзæн хæдзæрттæм. Колхозтæ отпускы рæстæг мызд фидынц колхозонтæн, æх- хуыс кæнынц сывæллонджын сылгоймæгтæн - сывæрджыны рæстæг сын дæттынц отпусктæ æмæ сын фыссынц фæллой- бонтæ, алы хъæуы дæр ис сывæллæтты цæхæрадæттæ æмæ рæвдауæндæттæ. Республикæйы бирæ колхозтæ сæхимæ райстой культурæйы учрежденитæ аразыны хъуыддаг, культурæйы хæдзæрттыл, клубтыл æмæ библиотекæтыл цы хæрдзтæ цæуы. уыдон. Колхозонты сывæллæтты æрвитынц пионерты лагерьтæм æмæ афтæ дарддæр. Колхозонтæн стыр æххуыс у, зæгъæм, колхозтæ сын сæ цæхæрадæттæ кæнынæн ласæг тых æмæ инвентарь кæй дæттынц, суг сын кæй ласынц, уый. Артельтæ колхозонтæн æххуыс кæнынц ног хæдзæрттæ саразын, стæй зæронд хæдзæртæм зилыны хъуыддаджы дæр. Колхозон зæхкусджыты хорз цард кæмæй аразгæ у, уыдоны банымайын хъæуы, иуæй-иу колхозон бинонтæн Советон паддзахад цы материалон æххуыс кæны, уый дæр. Уымæй дарддæр паддзахад пенситæ фиды, зæхкусджытæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæсахъат, уыдонæн æмæ, хæсты чи фæмард, уыдоны бинонтæн. Колхозты сомбоны фæндаг ахæм у, æмæ зæхкусджыты Царды мидæг уыдоны ахадындзинад кæндзæн фылдæрæй- фылдæр. Цæрæн хæдзæрттæ аразын, бинонтæн хæринаг амал кæнын, сывæллæтты хъомыл кæнын, фæллад уадзын, ахуыры, 589
рынчынты дзæбæх кæнын, зæхкусджыты культурон домæнтæ æфсадын æмæ хъæууон царды бирæ æндæр хъуыддæгтæ куыдфæстæмæ иууылдæр сæхимæ райсдзысты колхозтæ. Уый иттæг ахсджиаг у. Коммунистон æхсæнад аразыны ног уавæрты хицæн адæймаг æмæ коллективы бастдзинад кæндзæн тыхджынæй-тыхджындæр æмæ вазыгджындæр. Уыдæттæ иууылдæр фадат ратдзысты зæхкусджыты индивидуалистон зондахасты баззайæггæгтæ фесафынæн. Уыимæ колхозты функцитæ уæрæхæй-уæрæхдæр кæй кæнынц, уыцы хъуыддаг æркæндзæн уымæ, æмæ колхоз суыдзæн, хъæуты царды хъуыддæгтæ æппæтæй дæр чи кæндзæн, уыцы сомбоны коммунистон хæдуынаффæйады организацитæй иу. —<©$©>— 590
ГоститиХъ. ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФÆСКОМЦÆДИСОН ÆМÆ ФÆСИВÆДОН ОРГАНИЗАЦИТЫ ИСТОРИЙÆ Уæрæсейы фæсивæды революцион змæлды истори кæрæй- кæронмæ дæр æнгом баст у Коммунистон партийы историимæ. Большевикты парти йæ революцион куысты æппæт заманты дæр æнцой кодта фæсивæдыл. Фæсивæды змæлд уый нымадта социализмы фæуæлахизыл тохы хъуыддагæн йæ иу ахъаззаг хайыл. Парти йæ рæнхъытæм иста фæллойгæнæг фæсивæды хуыздæрты. Цæгат Ирыстоны фæсивæды революцион змæлды истори дæр, Уæрæсейы фæсивæды змæлды историйы хуызæн, баст у Коммунистон партийы историимæ. В. И. Ленин партимæ сидти, цæмæй фæсивæд арæзт цыдаид революцион зондахасты фæндагыл. Меныпевиктæ та хъавыдысты революцион тохæй фæсивæды иуварс асайынмæ, æмæ, меныпевикты ныхмæ дзургæйæ, Ленин æвдисæнæн æрхаста Энгельсы ныхæстæ: «Мах стæм революцийы парти, æмæ не ’хсæн фæсивæд фылдæр кæй сты, уым диссагæй цы ис? Мах стæм фидæны парти, æмæ фидæн та фæсивæды у... Мах стæм зæронд æмбыд царды ныхмæ удуæлдайæ тохгæнæг парти, æмæ удауæлдайгæнгæ тохы та кæддæриддæр раздæр фæсивæд бацæудзысты...» Цæгат Ирыстоны фæсивæдæн сæ организатортæ æмæ сæ разамонджытæ уыдысты Коммунистон партийы сгуыхт архайджытæ С. М. Киров, Г. К. Орджоникидзе, Цæголты Георги æмæ æндæртæ. 1917 азы февралы буржуазон-демократон революцийы агъоммæ Цæгат Ирыстоны фæсивæдæн сæрмагонд органи- зацитæ нæ уыд. Æрмæстдæр февралы революцийы фæстæ фæсивæд дæр, иннæ фæллойгæнæг дзыллæты хуызæн, сæ хъус адардтой политикон царды хъуыддæгтæм æмæ аразын рай- Дыдтой сæхи сæрмагонд организацитæ, цæдистæ æмæ æнд. ах. 591
Ирои фæсивæдæн сæ фылдæр хай уыдысты мæгуыр зæх- кусæг адæмæй. Революцион зондахаст райсынмæ уыдоны бацæттæ кодтой сæ зын царды социалон уавæртæ æмæ ирон литературæйы бындурæвæрæг, революционер-демократ Хетæгкаты Къостайы æхсидгæ сфæлдыстад. Уæдмæ фæсарæнтæй фæстæмæ нæхимæ, Ирыстонмæ, æрбаз дæхтысты, империалистон хæстæй бирæ раздæр Америчы Иугонд Штаттæм æмæ æндæр бæстæтæм куыстагур чи афтыд, ахæм фæсивæдæй бирæтæ. Уыцы лæппу-адæм сæхи рагъыл бавзæрстой капиталистон эксплуатацийы «хорздзинæдтæ» æмæ ныр сæ фылдæр уыдысты революцион зондахастыл лæуд. Ноджы маИрыстоны иуцасдæруыдис, СырхÆфсады рæнхъыты чи баслужбæ кодта æмæ Советон хицаудзинады сæрыл тохты чи фæцис, уырыссаг большевикты тæваг кæмæ бахæццæ, ахæм фæсивæд дæр. Уыцы ирон фæсивæдæн раздзæуæг уыдысты, Уæрæсейы сæйрагдæр горæтты чи ахуыр кодта, ахæм студенттæ. Уыдон уым базонгæ сты цытджын уырыссаг адæмы раззагдæр адæймæгты революцион уацмыстимæ, стæй сæм политикон тохы фæлтæрддзинад дæр уыдис. Сæ иуæй- иутæ (Цæголты Георги, Ильин æмæ æнд.) Ирыстонмæ куы ссыдысты, уæд уыдысты цæттæ революционер-коммунисттæ, дзыллæты курдиатджын разамонджытæ. Фæсивæды иннæ хай - буржуазийы, помещикты, кулакты, буржуазон интеллигенцийы цот æмæ уыдонимæ паддзахы æфсады афицерты дзæвгар хай - активон тох райдыдтой реакцийы фарс, революцион тыхты ныхмæ. Ирон фæсивæдæн йæ раззагдæр, æмбаргæдæр хай цыдысты фæскомцæдисы рæнхъытæм кæнæ та йæ фарс уыдысты. Уæлдай талынгдæр чи уыд æмæ, стыр историон цаутæ цæмæ цæуынц, уый чи не ’мбæрста, ахæмтæ та-иу буржуазон пропагандæйыл æмæ контрреволюцийы фæливæн ныхæстыл баууæндыдысты æмæ уыдоны фарс фесты. Контрреволюцийы фарс Цæгат Ирыстоны æрлæууыдысты стыр зæхджынтæ, базаргæнæг буржуази æмæ кулактæ, хъа- захъхъы станицæты бонджынтæ æмæ афицертæ, динамонджы- ты æмæ интеллигенцийы æппæты реакциондæр хай. 592
1917 азы 5 мартъийы контрреволюци сарæзта буржуазон рæстæгмæйы хицауады оргæн «Граждайнаг æххæстгæнæг комитет». Уыцы «Комитетимæ» æнгом баст уыдис «Иугонд хæххон адæмты цæдис». Уый арæзт æрцыди 1917 азы 1 майы, Цæгат Кавказы хæххон адæмты съезд Дзæуджыхъæуы куы æрæмбырд, уæд. «Иугонд хæххон адæмты цæдисы». ЦК-йы разамынды фæндæй арæзт æрцыди фæсивæды контрреволюцион организаци «Кавказы хæххон адæмты фæсивæды Цæдис». Уыцы Цæдисы уæнгтæн сæ фылдæр уыдысты буржуазон интеллигенцийæ æмæ афицертæй, фæлæ дзы се ’вæлтæрддзинады тыххæй иуцасдæр бахауди кусджытæй æмæ зæхкусджытæй дæр. Организаци йæ размæ хæсæн æвæрдта кусæг æмæ зæхкусæг фæсивæды революцион тохæй фæиппæрд кæнын. Æмæ тас уыди, лæппу-адæмæй бирæтæ контрреволюцийыл куы баууæндой æмæ революцимæ сæ хъус куынæуал дарой, уымæй. Терчы бæстæйы революцион тыхтæ, бынæттон большевик- ты æмæ С. М. Кировы разамындæй, цæхгæр тох самадтой алы- хуызон «комитетты» æмæ «цæдисты» ныхмæ, уыдоны æхсæн «Кавказы хæххон адæмты фæсивæды Цæдис»-ы ныхмæ дæр. Дзæуджыхъæуы болыневиктæ æмбырдтæ арæзтой кусджыты ’хсæн, горæты цæрджыты æхсæн, кодтой активон революцион куыст, цæмæй дзыллæты болыневикты партийы ’рдæм раздæхтаиккой, уый тыххæй. Сæ революцион куысты уыдон фыццаджыдæр æнцой кодтой æппæты стырдæр завод «Алагир»-ы («Кавцинчы») кусджытыл, æфсæнвæндаджы мастерскойты депойы, стæй Садоны æрзæткъахæны кусджытыл. Уымæй фæстæмæ ма æнцой кодтой зæхкусджытыл, стæй хъазахъхъы станицæты мæгуырцæрджытыл дæр. Уыцы хъуыддаджы мидæг æхсидгæ революцион куыст рапарахат кодтой ахæм зынгæ революционертæ: С. М. Киров, С. Г. Буачидзе, Цæголты Георги, А. Шерипов, Е. А. Полякова, Мамсыраты Саханджери, Ботъоты Амырхан æмæ æнд. Дзæуджыхъæуы болыневиктæ сæ хъус тынг дардтой фæсивæдмæ. «Кавказы хæххон адæмты фæсивæды Цæдис»-ы уæнгты æхсæн кусынмæ уыдон арвыстой 20-аздзыд большевик 593 38
Цæголты Георгийы æмæ æрыгон цæцæйнаг революционер Аслæнбек Шериповы. Æрыгон большевиктæ фæсивæдæн æмбарын кодтой, уыцы «цæдис» реакцион кæй у, уый. «Цæдис»- æн нæ бантыст хæххон адæмты фæсивæды революцион тохæй фæиппæрд кæнын, æмæ чысыл фæстæдæр «цæдис» йæхæдæг дæр фехæлди (æдæппæт бакуыста дыууæ мæйы). Йæ уæнгтæн сæ фылдæр фæстæдæр æрлæууыдысты Советон хицаудзинады фарс. 1917 аз Дзæуджыхъæуы С. М. Кировы разамындæй арæзт æрцыд «Кавказы фæсивæды социалистон организаци». Уыцы организацийæн йæ идейон тæваг хæццæ кодта, кусæг æмæ зæхкусæг адæмæй чи уыд, стæй скъолаты чи ахуыр кодта, уыцы фæсивæды иу хаймæ, фæлæ дзыллон организаци суæвын æмæ фæллойгæнæг фæсивæды революцион тохы сæргъы æрлæууын йæ бон нæ бацис. Уыцы заман фæсивæдæн хъæуты организацитæ нæ уыд. 1917 азы фæззæджы Чырыстонхъæуы революцион-демократон парти «Чермен» (дыгуронау «Кермен») арæзт куы æрцыд, уæд Ирыстоны фæсивæды раззагдæр хай уыцы партийы ныллæууыдысты æмæ активон тох кодтой Ирыстоны Советон хицаудзинад сæвæрыныл. «Чермен»-ы партийы куыстæн разамынд лæвæрдтой Киров æмæ Орджоникидзе æмæ йын кодтой стыр аргъ. С. М. Киров 1918 азы афтæ фыста газет «Правдæ»-йы: «...революцийы райдианы Ирыстоны сæвзæрдис политикон парти «Чермен». Схуыдтой йæ, йæ царды бонтæ иууылдæр æлдæртты ныхмæ тохæн чи снывонд кодта, ахæм сгуыхт ирон хъæбатыр лæджы номæй». «Чермен»-ы парти адæмы æхсæн тынг кадджын у». Г. К. Орджоникидзе Терчы республикæйы фæллойгæнæг адæмы 5-æм съезд гомгæнгæйæ куы ныхас кодта, уæд «Чермен»-ы партийы уæнгты схуыдта«революцийыл кæронмæ дæр иузæрдион» адæм. , 1918 азы августы контрреволюци бырсын куы райдыдта Дзæуджыхъæумæ, уæд Цæгат Ирыстоны раззагдæр фæсивæд революцион отрядтимæ иумæ хъæбатыр тохы бацыдысты æмæ 594
ахъаззаг ныхкъуырд лæвæрдтой контрреволюцион бандæты атакæтæн. 1918 азы 23 июлы кусын райдыдта Терчы бæстæйы адæмты 4-æм съезд. Съезды куыстæн комкоммæ разамынд лæвæрдта Уæрæсейы хуссайраг хайы Сæрмагонд комиссар Серго Орджоникидзе. Уыцы съезды мидæг контрреволюци æппæт хъуыддæгтæй дæр баззадис састы бынаты. Советон хицаудзинад бахъахъхъæныныл тохгæнджытæ фæуæлахиз сты. Цытджын Октябры Социалистон революцийы фæуæлахизы фæстæ боны фæткы æвæрд æрцыди Уæрæсейы фæсивæды иугонд цæдис саразыны фарста. Фæсивæды цæдисы 1-аг съезд æрæмбырд ис Мæскуыйы æмæ куыста 1918 азы 29 октябрæй 4 ноябрмæ. В. И. Ленинæн съезды уæвыны фадат нæ уыд, фæлæ съезды делегацийы йæхимæ æрбахуыдта æмæ семæ фæныхас кодта. У æрæсейы фæскомцæдисы 1 -аг съезд сфидар кодта Цæ дисы программæйы сæйраг принциптæ. Программæйы бындурæн æвæрд æрцыдысты æртæ сæйраг амынддзинады: 1. Цæдис æмзæрдæ у Уæрæсейы коммунистон (большевик- ты) партиимæ. Цæдис йæ размæ хæсæн æвæры коммунизмы идейæтæ адæмы æхсæн хæлиу кæнын æмæ кусæг æмæ зæх- кусæг фæсивæды Советон Уæрæсе аразыныл активон архай- дмæ бакæнын. 2. Цæдис у хæдбар организаци. 3. Цæдисæн йæ ном у «Уæрæсейы фæсивæды коммунистон цæдис». Цæгат Ирыстоны дæр фæсивæды коммунистон цæдис арæзт æрцыд æмæ организацион æгъдауæй фидаргонд æр- Цыди 1918 азы фæззæджы. Цæгат Ирыстоны фæскомцæдис аразджытæ уæд Уæрæсейы фæсивæды коммунистон цæдисы 1 съезды уынаффæтæ нæма зыдтой, уымæн æмæ граждайнаг хæсты аххосæй Цæгат Ирыстон бæстæйы центрæй иртæст уыд. Фæскомцæдис саразыныл бацархайдта Дзæуджыхъæуы парти- он комитет. Уыцы хъуыддаг уый бабар кодта дыууæ болыые- викæн - А. Зубковæн æмæ В. Вахтадзейæн. Горæтты партион 595
комитеты амындмæ гæсгæ фæсивæдæн сæхицæй нысангонд æрцыди фæскомцæдис аразыныл кусæг хъæппæрисон къорд. Уыцы къорды уыдысты: В. А. Кудрявцев, И. Д. Никонов, Хетæгкаты П., А. П. Поличук, А. М. Гармаш æмæ æндæртæ. Уыцы къорд рапарахат кодта стыр организацион куыст. Уыдон арæзтой фæсивæды æмбырдтæ, ныхас кодтой, фæскомцæдисæн йæ нысантæ æмæ йæ хæстæ цавæртæ сты, уыдæттыл. Иу ахæм æмбырды уынаффæ хаст æрцыд, цæмæй фæсивæды организаци схуыдтаиккой Дзæуджыхъæуы фæсивæды коммунистон цæдис «Спартак», зæгъгæ. Кæд æмæ Дзæуджыхъæуы фæскомцæдисы организатортæ Уæрæсейы фæскомцæдисы 1-аг съезды уынаффæтæ нæма зыдтой, уæддæр уыдон раст снысан кодтой фæскомцæдисы бынат æмæ хæстæ. Уыдон сæ организаци арæзтой болыневикты партийы устав æмæ программæйы амындтæм гæсгæ. Райдианы уал Цæгат Ирыстоны фæскомцæдисæн йæ сæйраг хъуыддæгтæй иу уыдис фæскомцæдисон организацийы хæстæ æмæ программæимæ раззагдæр фæсивæды базонгæ кæнын. Газет «Народная власть» фæскомцæдисы хæстæ æмæ нысанты тыххæй 1918 азы 14 декабры афтæ фыста: «Спартак» йæ размæ æвæры ахæм хæстæ: фыццаджыдæр, фæсивæды æрбаиу кæнын хъæуы Интернационалы тырысайы бын; дыккаджы, уыцы идейæ бæстон сахуыр кæнын æмæ йæ дзыллæтæн æмбарын кæнын; æртыккаджы, социалистон ахуырадтимæ æмæ социалистои литературæимæ теоретикон æгъдауæй зонгæ кæнын К. Маркс æмæ Ф. Энгельсы уацмыстæй суанг ныры рæстæджы уацмысты онг». 1918 азы 14 декабры фæскомцæдис газеты рауагьта сæрмагонд сидт Терчы республикæйы фæллойгæнæг æмæ скъоладзау фæсивæдмæ. Дыккаг бон, 15 декабры, арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы æппæт фæскомцæдисонты иумæйаг æмбырд. Æмбырд сфидар кодта Дзæуджыхъæуы фæскомцæдисон организаци «Спартачы» устав æмæ равзæрста «Спартачы» комитет. Комитетмæ æвзæрст æрцыдысты В. А. Кудрявцев, И. Д. Никонов, А. Н. Гармаш. Хетæгкаты П., Н. Горлина-Зубкова, О. Гагина, М. Романов-Александров, А. Кавтарадзе, А. Зубков 596
(комитетмæ конд æрцыд партион разамынд дæттыны тыххæй). фæскомцæдисы комитетæн æвзæрст æрцыди дыууæ сæрдары - Никонов æмæ Кудрявцев. Дзæуджыхъæуы фæскомцæдисон организацийы рæнхъыты уæд бирæ адæм нæма уыд. Йæ æцæг уæнгтæ уыдысты 65, уыдонæй 40 - кусджытæй. 50 адæймаджы та дзы æмзæрдионтæ уыдис. Фæсивæды æхсæн дзыллон куыст кæныны тыххæй фæском- цæдис 1918 азы декабры байгом кодта фæсивæды коммунистон цæдис «Спартачы» клуб. Клубы балкъоныл уыдис афтæ фыст: «Сар кæны уæ къона, тирантæ! Æвзонг пролетариат сыстади тох кæнынмæ». Клубы рапарахат пропагандистон-рухсадон куыст. Дзæуджыхъæуы фæскомцæдис горæты болыыевикон организацийæн тынг баххуыс кодта, скъолаты чи ахуыр кодта, уыцы фæсивæды коммунистон уагыл хъомыл кæныны хъуыддаджы. Фæскомцæдисонтæ тох кодтой буржуазон идеологийы ныхмæ, пропагандистон куыст кодтой скъолаты, заводты, хъæуты фæсивæды æхсæн, сырхæфсæддонты æмæ фæллойгæнæг хъазахъхъы æхсæн æмæ а. д. 1919 азы райдайæны Деникины æфсæдтæн, фæсарæйнаг империалистты æххуысæй, сæ къухы бафтыди Цæгат Кавказы дзæвгар хай бацахсын. Январы бонты уыдон бацахстой горæттæ Пятигорск, Кисловодск, Георгиевск æмæ æнд. Сæвзæрдис иттæг зын уавæр. Серго Орджоникидзе В. И. Ленинмæ тел арвыста, зæгъгæ: «Иуæндæсæм æфсад нал ис. Уый бынтондæр фехæлди. Знагæн йæ ныхмæ хъæддых фæлæууæг нæ вæййы, афтæмæй бацахсы горæттæ æмæ станицæтæ... Нæй сармадзаны нæмгуытæ, гилдзытæ. Нæй æхца. Дзæуджыхъæу æмæ Грозна ныронг нæдæр гилдзытæ райстой, нæдæр æхца. Æхсæз мæйы хæцæм, гилдзытæ фæндзгай сомтæй æлхæнгæйæ. Фæлæ ныл дæ зæрдæ дар, мах не ’ппæт дæр сæфгæ куы фæкæнæм тыхджындæр знаджы ныхмæ тохы, уæддæр нæ партийы ном нæ фæчъизи кæндзыстæм, нæ алидздзыстæм». 1919 азы 2 январы Дзæуджыхъæуы байгом УК(б)П-йы Цæгат Кавказы организациты съезд. Съезд уынаффæ рахаста 597
партийы æппæт уæнгты мобилизаци скæныны тыххæй, стæй партион куыст иууылдæр хæстон уагыл рацаразыны тыххæй. Æмæ Советон хицаудзинад ахæм тæссаг уавæры куы бахаудис, уæд Дзæуджыхъæуы фæскомцæдис йæхи равдыста болыне- викты партийы ахъаззаг æххуысгæнæгæй. Фæскомцæдисонтæ иттæг æхсарджынæй тох кодтой Деникины æфсады ныхмæ æмæ уыцы тохмæ сæ фæдыл акодтой Цæгат Ирыстоны фæл- лойгæнæг фæсивæды. Фæскомцæдисы комитет Цæгат Ирысто- ны фæллойгæнæг фæсивæдмæ фæсидти, цæмæй сыстадаиккой революцийы уæлахиздзинæдтæ бахъахъхъæнынмæ. Фæском- цæдисонтæ æрбынат кодтой къазармайы, чысыл фæстæдæр та æфтыд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы коммунистон отрядыл. Фæскомцæдисонтæй арæзт æрцыди 2-аг ротæйы 1-аг взвод, æмæ афтæмæй уыдон фронты алы участокты зæрдиагæй тох кодтой деникинонты ныхмæ. Знагæн ныхкъуырд раттыны тыххæй ма Ирыстоны ноджы- дæр арæзт æрцыди дыууæ революцион отряды - керменистты отряд æмæ хæххон адæмы революцион отряд. Уыдонæн сæ фылдæр уыдысты фæсивæд. Февралы райдайæнмæ деникинонтæ бацахстой, зæгъæн ис, Ирыстон иууылдæр æмæ бахæццæ сты Дзæуджыхъæуы цурмæ. Дзæуджыхъæу бахъахъхъæныны тыххæй тох кæнынмæ сыстадысты революцион зондахастыл лæуд цæрджытæ æмæ уыдонимæ Дзæуджыхъæуы фæскомцæдисонтæ дæр. Дзæуджыхъæуы фæскомцæдис 11 боны дæргъы, Сырх Æфсады рæнхъыты уæвгæйæ, тох кодтой Деникинон æфсады ныхмæ. Æмæ фæскомцæдисонтæй бирæтæ сæ цард ауæлдай кодтой горæт бахъахъхъæныны сæраппонд. Уыцы бонты фæсивæдæй фæхъуыди æмб. Симонов - партийы æмæ фæскомцæдисы активон кусæг. Дзæуджыхъæу бахъахъхъæныныл чи тох кодта, уыдон кæд иттæг хъæбатыр разындысты, уæддæр сæ бахъуыдис горæт ныууадзын, уый тыххæй æмæ знагмæ æфсад дæр æмæ хæцæнгарз дæр бирæ фылдæр уыд. Деникинонтæ уал рæстæгмæ фæуæлахиз сты. Æмæ сæ хицаудзинад ахаста иу афæдзæй чысыл фылдæр: 1919 азы февралæй 1920 азы мартъийы онг. 598
Деникинонтæ горæт куы бацахстой, уæд фæскомцæдисонтæ сæкомитетыуынаффæмæгæсгæдыууæдихыфестыреволюцион куыст кæныны тыххæй. Сæ иутæ Сырх Æфсады хæйттимæ ацыдысты меньшевикон гуырдзыстонмæ æмæ уым сусæг революцион куыст кодтой, стæй 1920 азы апрелы, Деникины æфсад дæрæнгонд куы æрцыд, уæд фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ æрбацыдысты æмæ кодтой Советон хицаудзинад фæстæмæ йæ бынаты сæвæрыны куыст. Фæскомцæдисонты иннæ хай баззадысты горæты, фæлæ сæхи бааууон кодтой сусæг куыст кæныны тыххæй. Деникины контрразведкæ фæскомцæдисонтæн кодта æбуалгъ æфхæрд, кæуыл-иу фæхæст, уыдоны-иу æнæ суд, æнæ æндæрæй топпытæм æрæвæрдта, æрмæст сыл фæскомцæдисоны ном кæй уыд, уый тыххæй дæр. Æмæ Дзæуджыхъæуы фæскомцæдисонтæ уыцы бонты равдыстой фæзминаг революцион хъæбатырдзинад. Фæзминаг схонæн ис фæскомцæдисон комитеты уæнг, кусæг лæджы чызг Нинæ Аполлоновнæ Горлина-Зубковайы хъæбатыр цард æмæ мæлæт. Зубкова уыйразмæ дæр кодта активон куыст, æмæ Деникины æфсæдтæ горæт куы бацахстой, уæд комитеты уынаффæмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы баззадис сусæг революцион куыст кæныны тыххæй. Нинæ Зубкова-иу революцион куыст кæнæг æмбæлттæн бацæттæ кодта сусæгæй сæмбæлæн бынæттæ, æмбæхстæй цæрæн фатертæ, стæй большевикон пропагандæ кодта горæты цæрджыты æхсæн. Иу гадзрахатæй цæуæджы нымыгъдмæ гæсгæ Зубковайы æрцахстой æмæ йæ ахæстоны бакодтой. Урсгвардионтæ бирæ хæттыты фарстой Зубковайы, фыдхъизæмæрттæ йын æвзарын кодтой, цæмæй сын Дзæуджыхъæуы фæскомцæдисон организаци «Спартачы» хъуыддæгтæ схъæр кодтаид, загьтаид сын йæ уæнгты æмæ йæ разамонджыты нæмттæ. Фæлæ Нинæ Зубкова уыцы хъизæмæрттæн ныффæрæзта, урсгвардион лæгмартæн ницы схъæр кодта æмæ сын æргомæй загъта: «Æз коммунисткæ дæн æмæ урсгвардионтæй ме сæфт уынын. Мах нæ кæрæдзийæн знæгтæ стæм. Мæнæн сымахимæ ныхасагæй ницы ис». 1919 азы 8 мартъийы деникинонтæ Нинæ Зубковайы æндæр революционертимæ иумæ топпытæм æрæвæрдтой 599
Шалдоны уæлмæрдты, хъæбатыр коммунисткæ ныгæд дæр æрцыд уыцы уæлмæрды, иумæйаг ингæны. 1919 азы сæрды Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд кусæг фæ- сивæды сусæг организаци - «Дзæуджыхъæуы кусджыты фыццаг коммунистон чыр». Чыр арæзт æрцыди æстдæсазд- зыд лæппу революционер И. В. Гальцевы хъæппæрисæй. Сæрдар дæр ын Гальцев уыд. Йæ активон уæнгтæ уыдысты М. Мещеряков. М. Плоткин. И Дорожкин, Н. Заводов, В. Гальцев, Н. Лагунов, А. Вонтенко æмæ æнд. Уыцы чыр сарæзта партизанты отряд, уыдон æмбæхстысты горæты сæрмæ хъæды æмæ бастуыдысты мæхъæлы партизанон отряды разамонæг Орцханов Хизиримæ. Партизанты дыккаг отряд та бамбырыди Терчы иннæ фарс хъæды, Æрхонгомы, раздæры сырхæфсæддонтæй, æфсæнвæндаджы кусджытæй æмæ завод «Алагир»-ы («Кавцинчы») кусджытæй, æдæппæт ссæдз адæймаджы бæрц. 1919 азы кæрон уыцы дыууæ отряды сæ бынат баивтой Мæхъæлы хæхбæстæм æмæ тох кодтой Орцхановы амындтæм гæсгæ. Дзæуджыхъæуы сусæг партион чыр тынг бацархайдта урс æфсады мидæг революцион куыст кæныныл. Уæлдай активондæрæй ахæм куыст кодтой Апшероны полчъы 2-аг æмæ 3-аг батальонты. Салдæттæ æмæ афицертæй бирæтæ уыцы куысты руаджы лыгъдысты полкъæй æмæ-иу систы революцийы хъуыддагыл зæрдиагæй тохгæнджытæ. 3-аг батальон хъуамæ æргомæй стох кодтаид деникинон хицауады ныхмæ. Уыцы хъуыддаг нæ рауадис, уымæн æмæ йæ рагацау нæ бацæттæ кодтой. Фæдæ уыцы батальонæй дыууæ ротæйы 1919 апрелы Чырыстонхъæумæ æрвыст куы æрцыдысты партизанты ныхмæ тох кæнынмæ, уæд уыдон сæ командиры амардтой æмæ партизанты фарс фесты. Фæсивæды коммунистон чыр сусæг революцион куыст код- та зын уавæрты. Контрразведкæ джигултæ кодта, ахста æмæ мардта, гыццылдæр-иу кæуыл фæгуырысхо, уыдоны. Револю- цибнертимæ тох кæнынæн-иу спайда кодта провокатортæй, революцион чыртæм-иу сæ барвитгæйæ. Ахæм провокатортæй 600
иу уыдис Тихон Борзученко, фæстæдæр, Советон хицаудзина- ды рæстæджы, ахст чи æрцыдис, уый. Контрразведкæйæн йæ къухы бафтыд чыры разамонджытæй иуæй-иуты æмбæхсæн бынæттæ сбæрæг кæнын. Уыдоны æрцахстой æмæ сын рахастой марыны тæрхон. Фæлæ æрыгон коммунистты марынмæ куы ракодтой, уæд фæсивæды коммунистон чыры иннæ уæнгты æххуысæй алыгъдысты. Цæгат Ирыстоны фæллойгæнæг адæм, большевикты разамындмæ гæсгæ, рапарахат кодтой партизанон тох Деникины æфсады æмæ бынæттон контрреволюцийы ныхмæ. Уыцы тохы мидæг стыр бынат бацахстой ирон фæсивæд дæр. Цæгат Ирыстоны зæхх рæстæгмæ Деникины æфсæд- ты къухмæ куы бахаудис, уæд хъæууон фæсивæды иу хай бацыдысты партизанты отрядтæм, иннæтæ та баззадысты, Деникины æфсæдтæ цы хъæутæ бацахстой, уыдоны æмæ, урс æфсадмæ хæрам цæстæй кæй кастысты, уый тыххæй сыл стыр æфхæрддзинæдтæ уади. Цæмæй ирон фæсивæдæн фадат нал уыдаид революцион тох кæнынæн, стæй канд уый нæ, фæлæ ма инæлар Деникины салдæттæ фæфылдæр уыдаиккой, уый тыххæй контрреволюцион æфсады командæгæнджытæ сфæнд кодтой ирон фæсивæдæй сæрмагонд батальонтæ саразын. Æмæ Цæгат Ирыстоны фæсивæд стæмтæй фæстæмæ иууыл- дæр, суанг ма рынчынтæ дæр, тыхы фæрцы мобилизацигонд æрцыдысты урсгвардион æфсадмæ, æмæ сæ арвыстой горæт Георгиевскы районмæ. Уым сæ райдыдтой хæстон хъуыддагыл ахуыр кæнын, Деникины цъаммар хъуыдцагыл тохгæнджытæ сæ куыд рауадаид, афтæ. Фæлæ контрреволюцион инæлæрт- тæ фыдæнхъæл фесты. Сусæгæй кусæг ирон большевиктæ сын сæ фæндтæ бамбæрстой æмæ смадзал кодтой уыцы фæндтæ фехалынæн. Мобилизацигонд фæсивæды æхсæнмæ «куыддæр æгъдауæй» бахаудысты коммунисттæ, фæсивæды арæхстджын организатортæ Зæнджиаты X. æмæ Елбайты А. Сусæгæй кусæг партион комитет уыдонæн бабар кодта мобилизацигонд фæсивæды æхсæн революцион куыст райтынг кæнын, Урсгвардион æфсад лæмæгъдæр куыд кодтаид, афтæ. Дыууæ ирон коммунисты разамындæй рапарахат ис агитацион куыст, 601
Цæгат Ирыстоны фæсивæд урс æфсадæй сæ хæдзæрттæм цæмæй цыдаиккой, уый тыххæй. Уым арæхстджынæй рево- люцион куыст кодтой Бесолты Г., Хосроты А., Гозымты Г., Хъуылаты Г æмæ æндæртæ. Фæстæдæр уыдон уыдысты Цæ- гат Ирыстоны фæскомцæдисы организатортæ. Бесолы-фырты æмæ Елбайы-фырты æххуысæй цæттæгонд æрцыди мыхуыр, æмæ афтæмæй сарæх сты мæнг документтæ, æмæ уыдонмæ гæсгæ фæсивæдæн сæ хæдзæрттæм цæуыны фадат фæци командировкæйы кæнæ сæ фæллад суадзыны æфсонæй. Æмæ гъе афтæмæйты ирон фæсивæдæй урсгвардион æфсадмæ мобилизацигонд чи æрцыд, уыдон лыгъдысты æмæ- иу партизанты отрядтæм бацыдысты. Цæгат Кавказы æмæ Ирыстоны партизанты тохæн раза- мынд лæвæрдта Кавказы крайы партион комитет. Уый уыдис Калачы. 1919 азы фæззæджы Ирыстоны арæзт æрцыд сусæгæй кусæг партион комитет. Йæ бынат уыдис Тугъанты хъæды. Дыгуры хъæутæ сæ социал-политикон уавæртæм гæсгæ æмæ сæ географион æвæрдмæ гæсгæ сысты æгас Цæгат Ирыстоны партизанон змæлды центр. 1919 азы февралы деникинонтæ Чырыстонхъæу куы ныппырх кодтой, уæд уым, «Сау хъæды» æмæ Дыгургомы, сæмбырд сты революцийы ныхмæ тохгæнджытæ Ирыстоны, Кæсæджы æмæ Балхъары æппæт хъæутæй дæр. Дыгургом бахъахъхъæныны æмæ Деникины фронты чъылдыммæ фæлæбур-фæлæбур кæныны тыххæй уым, болыыевикты разамындæй, арæзт æрцыдис гæрзифтонг партизанон отрядтæ. Уыцы отрядтæн сæ дзæвгар хай уыдысты фæсивæд. Ахæм отрядтæ арæзт æрцыд Ирыстоны иннæ кæмтты дæр. Алагиры партион организацийы разамындæй Уæлладжыры ком дæр 1920 азы райдайæнмæ сси Деникины ныхмæ тохы бынæттæй иу. Деникины контрреволюцион æфсады ных- мæ тох цыдис ноджы Куырттаты комы, Дæргъæвсы комы æмæ Санибайы комы дæр. 1919 азы сæрды Куырттаты комы архайдта фæсивæды бæхджын отряд, йæ сæргълæууæг Къ- арджиаты Алыксандр. Фæстæдæр уыцы отряды 200 адæй- маджы баиу сты партизанты сæйраг тыхтимæ. Дæргъæвсгомы 602
æмæ Санибагомы партизанты тохæн разамынд лæвæрдта поэт Токаты Алихан, революцийы размæ Бетъырбухы аивадты ака- демийы студент чи уыдис, уый. 1919 азы февралы Дзæуджыхъ- æуы бахъахъхъæныныл хæст куы цыдис, уæд Токаты Алихан æрлæууыд горæт хъахъхъæнджыты рæнхъыты, йемæ сæдæ барæджы æркæнгæйæ. 1919 азы фæззæгæй фæстæмæ партизанты змæлд дард- дæрæй дарддæр æнхъæвзта. Партизантæ-иу арæх бынтон æнæнхъæлæджы бабырстой знæгтæм. Зæгъæм, Пысылмон- хъæуы уыдон уацары райстой урсгвардионты чысыл отряд, йæ сæргъы дыгуры бадилатаг афицер Хъарадзауы-фырт, афтæмæй. Партизанты ныхмæ тох кæнынмæ Деникин æрвыста æфхæрæг отрядтæ - урсгвардион булкъонты. Фæлæ-иу уыдонæн партизантæ кæддæриддæр радтой тыхджын ных- къуырд: деникинонтыл-иу æрцыд стыр зиантæ, афтæмæй-иу фæстæмæ раздæхтысты. Æфхæрæг отрядтæн ныхкъуырд дæттыны хъуыддаджы активон архайæг уыдысты фæсивæд дæр. Зæгъæм, фæсивæд арæхстджынæй æххуыс кодтой, афтæмæй 1919 азы райдайæны дæрæнгонд æрцыдис кæсгон кънйаз Серебряков-Даутоковы отряд, Дыгургоммæ куы бырста, уæд. Уыцы тохы мидæг фæсивæдæй уæлдай тынгдæр фесгуыхтысты Цæллаты Мурат, Къесаты Алексей, Дзарасуты Хамби æмæ æнд. Ирыстоны «хицауиуæггæнæг» Хабайы-фырт сфæнд кодта партизанты змæлдæн кæрон скæнын æмæ уыцы змæлды центр Чырыстонхъæу ныппырх кæнын. Чырыстонхъæумæ æрвыст æрцыди æфсæдтæ, сæ сæргъы инæлар Вадбольский, афтæмæй. 1919 азы 28 апрелы æфсæдтæ Чырыстонхъæуы алыварс æртыхстысты æмæ хъæумæ барвыстой, стыр контрибуци куыд бафидат, афтæ, зæгъгæ. Уыцы рæстæг хъæуы уыдысты керменист-партизантæ, иу 200 адæймаджы бæрц. Партизантæн сæ бон нæ бацадаид хъæу бахъахъхъæнын. Уымæ гæсгæ уыдон, хъæуы алыварс цы хъахъхъæнджытæ лæууыд, уыдонмæ нæ фæкæсгæйæ, уыцы æмгуыппæй хъæдырдæм абырстой æмæ æппын æнæ зиантæй аирвæзтысты. 603
Деникинонтæ хъæуæй адæмы ратардтой, афтæмæй сæ бандæтæн парахат бар радтой хæдзæрттæ къахын æмæ стигъыны тыххæй. Урсгвардионтæ уым рынчынæй фæхæст сты æмæ амардтой болыневикты партийы зынгæ кусæг, С. М. Кировы хæлар æмæ æмтохгæнæг, Ирыстоны хæстон- революцион комитеты сæрдар Цæголты Георгийы. Чырыстонхъæу ныддæрæн кæныны фæстæ Деникины æфсæдтæ сæ ных сарæзтой, Дыгургомы цы партизанты отрядтæ уыдис, уыдоны ’рдæм. 1919 азы майы уыдон райдыдтой Дыгургоммæ æртæрдыгæй бырсын - Доныфарсæй, Уæлладжыры комæй æмæ Æхсæрысæрæй. Партизантæ хъæбатыр тох кодтой, фæлæ сæ бон нæ баци тыхджын æмæ тынг гæрзифтонг знаджы бырст бауромын. Деникинонтæ Дыгургом бацахстой. Партизантæн сæ иу хай æфцæгыл Гуырдзыстонмæ ахызтысты, иннæтæ та, коммæ бацæуæнтæ чи хъахъхъæдта, уыдон, «Сау хъæдмæ» баивгъуыдтой æмæ уырдыгæй сæ тохы хъуыддаг кодтой дарддæр. Дыгуры партизанты разамонæг Тогьойты Данел «Тохы бонтæ», зæгъгæ, статьяйы стыр аргъ скодта, фæсивæд партизанты змæлды мидæг цы бынат ахстой, уымæн. Уый фыста: «Фæллойгæнæг фæсивæд æмæ суанг æнахъом сабитæ дæр иттæг зæрдиагæй се ’ххуысы хай хастой партизанты тохмæ. Мæнæ, зæгъæм, Найфонты Чермен, 14-аздзыд хъомгæс. Хæрæгыл-иу голджытæ баргъæвта æмæ-иу араст куыроймæ цæуыны æфсон. Æцæгæй та Чермен разведкæйы цыдис, урсгвардион отрядтæ кæм æрбынат кодтой, уырдæм. Банымадта-иу, салдæттæ дзы цал ис, стæй дзы афицертæ цал ис. Æфсæддон цинтæ Чермен дзæбæх нæ иртæста, фæлæ-иу хицæнтæй банымадта «стъалыджын» адæймæгты æмæ «æнæстъалыджынты» æмæ гъе афтæмæй партизантæн бæлвырдæй зонын кодта урсгвардионты хæстон тыхты хабар». Уæдæ афтæ, Цæгат Ирыстоны фæскомцæдис æмæ фæсивæд большевикты партийæн иузæрдион æххуысгæнджытæ у&дысты Деникины контрреволюцион æфсады ныхмæ тохы. Фæскомцæдис æмæ фæсивæд. сæ намысджын тох арæзтой Г К. Орджоникидзейы æмæ С. М. Кировы амындтæм гæсгæ. 604
Мæлæтæй нæ тæрсгæйæ, уыдон æхсарджын тох кодтой Сырх Æфсады рæнхъыты, Дзæуджыхъæуы коммунистон отряды рæнхъыты, партизанты отрядты, сусæг революцион организациты. Революцион фидардзинад æмæхъæбатырдзинад æвдыстой, деникинон лæгмарты къухмæ-иу куы бахаудысты, уæд дæр. Бирæтæн-иу сæ сæрæндзинад æмæ арæхстдзинады фæрцы бантысти æфхæрджыты къухæй аирвæзын дæр. Сырх Æфсад Цæгат Ирыстоны территоримæ куы сæввахс и, уæд ын деникинон æфсæдты пырх кæныны æмæ Терчы бæстæйы Советон хицаудзинад фæстæмæ йæ бынаты сæвæрыны хъуыддаджы ахъаззаг æххуыс бакодтой революцион тыхтæ æмæ партизанты отрядтæ. Æмæ уыдонæн сæ дзæвгар хай уыдысты Цæгат Ирыстоны фæскомцæдис æмæ фæсивæдæй. Доййаты Саханджерийы тæлмац -=<©$©>- 605
Гуыриаты Тамерлан ИУ ИСТОРИОН ФÆЗЫНД ИРОН ÆВЗАДЖЫ Мах æвзаг ирайнаг æвзæгты къордмæ кæй хауы, уый ахуыргæндтæ раджы сбæрæг кодтой (19 æнусы райдайæны). Уæдæй нырмæ лингвисттæ раиртæстой бирæ ног факттæ, кæцытæ æвдисынц ирон æвзаджы ирайнаг характер ноджы бæлвырддæрæй. Иу ахæм историон фæзынды тыххæй мæ зæрды ис ацы цыбыр статьяйы æрдзурын. Ирон æвзаджы грамматикæйы чингуытæ æмæ очерктæ куы райсæм, уæд уым фембæлдзыстæм мæнæ ахæм хъуыдый- ыл: ирон æвзаджы бæрæггæнæн дзырд кæддæридцæр вæййы бæрæггæнинаджы разæй, зæгъæм, бæрзонд хæдзар, сау худ, урс хæхтæ, рæсугъд æмæ хæрзконд чызг, даргъдыс хæдон æмæ аф. д. Ацы хъуыды фаг æххæстæй не ’вдисы ирон æвзаджы дзы- рдты кæрæдзиимæ бæттыны æгъдæуттæ, бæлвырддæрæй та, - бæрæггæнæн æмæ бæрæггæнинаг дзырды æхсæн ахастдзинæ- дтæ. Ирайнаг æвзæгты ис ахæм грамматикон фæзынд, кæцы хуыйны изафет кæнæ та изафетон конструкци. Ацы конструкцийы æгъдæуттæм гæсгæ, бæрæггæнæн æвæрд цæуы бæрæггæнинаджы разæй нæ, фæлæ йæ фæстæ. Дзырдæн райсæм иу-цалдæр ныхасы таджикаг æвзагæй, кæцы хауы ирайнаг æвзæгты къордмæ. Таджикаг æвзаджы дзурынц: ханеи баланд (хане - хæдзар, баланд - бæрзонд), муйлаби дароз (муйлаб - зачъе, дароз - даргъ), манзили хуб (манзил - фатер, хуб - хорз), колхози мо (мо - мах) æмæ аф. д. Куыд уынæм, афтæмæй бæрæггæнæн дзырдтæ баланд, дароз, хуб, мо æвæрд цæуынц бæрæггæнинаг дзырдты фæстæ, кæцытæм та æфтыд цæуы изафет - и. Ахæм æгъдау (изафет) канд таджикаг æвзаджы нæй, фæлæ ис æндæр ирайнаг æвзæгты дæр. Уыдонæй иуæй-иуты изафетон конструкцитæй уæлдай ис æндæр æгъдау дæр. 606
Уæдæ куыд у хъуыддаг ирон æвзаджы та? Мах æвзаджы бæрæггæнæн дзырд (кæнæ дзырдтæ) арæхдæр цæуы бæрæггæнинаджы разæй. Зæгъæм: бæрзонд хæдзар, даргъ зачъе, хорз фатер, мах колхоз, ирон драмон театр, егъау æмæ тыхджын цæрæгой æмæ аф. д. Фæлæ ис ахæм примертæ дæр, кæцыты бæрæггæнæн æвæрд цæуы бæрæггæнинаг дзырдæн йæ фæстæ, ома иннæ ирайнаг æвзæгты изафетон конструкциты куыд у, афтæ. Зæгъæм: хæдзары бæрзонд, хæринаджы адджын æмæ нозты карз, лæппуйы хæрзконд, чызджы рæсугьд, кæрцы зæронд, чиныджы хорз, Дзерассæйы рæсугъд æмæ аф. д. Æрхæссæм иукъорд литературон примеры. «Тызмæгæй мæм ма кæс, мæ фыды зæронд». (Къоста. «Ныфс»), «Йæ бонæй уа, уастæн, даргъæрфыг рæсугъд! Кæм лæууы йæ хъазтæн лæппуйы тæппуд». (Къоста, «Чи дæ?») «...абон мæн цæхгæр фæсайдта Дзерассæйы рæсугъд» (Ирон адæмы сфæлдыстад, 14 ф.) «Нарты Æхсæртæг æмæ Дзерассæйы рæсугьд уæд сæ иумæйаг бонтæ æрвыстой худгæ æмæ хъазгæ». (Уый дæр уым, 11 ф.) «Лæппуйы дзураг æмæ байраджы сирагæн сæ фæстаг хорз нæ кæны». (Æмбисонд, Миллер В. Ф., Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат, 1907 ф.)». Ирон адæм гæрзты хорз æмæ знаджы бирæйæ нæ тарстысты». (Æмбисонд, Исаты Мæхæмæты фыстытæй ист). Схаста йæхицæн станцæмæ хуыссæнгарзы æфсон иу нымæты бызгьуыр æмæ базы зæронд». (Гæдиаты Ц., «Царды уæз»). «Уæд ку нинбохуй, ку ныддзиназуй и мади зæронд». (Малиты Г., «Уæхæтæги фурт Мæнгий Гуйман») - «Царды фыдæвзæр дæ асырдта дардмæ» (Барахъты Гино, «Уæйгуыты мæсыг»). «Дзаумæтты дзæбæхдæрты рассывтой». (Цæгæраты М., «Амонды фæндагыл», 29 ф.). Ахæм примерты нымæц дзæвгар фæфылдæргæнæн ис, уымæн æмæ сыл литературæйы æмæ уæлдайдæр та ныхасы арæх æмбæлæм. Сæ мидисмæ гæсгæ уæлдæрамынд примертæ сты изафетон конструкциты хуызæн: бæрæггæнæн дзырд æвæрд цæуы бæрæггæнинаджы фæстæ, кæцыйыл та æфтыд цæуы изафеты 607
æвдисæн -ы, дыгурон диалекты -и (зæгъæм, мади зæронд). Уый тыххæй сæ æз хонын историон изафетон конструкцитæ. Куыдуынæм, афтæмæй ирон æвзаджы изафетон конструкци арæзт цæуы иннæ ирайнаг æвзæгты хуызæн: 1) изафетон элементы руаджы; 2) дзырдтæн сæ амады æгъдаумæ гæсгæ. Абарæм иу-цалдæр примеры таджикаг æмæ ирон æвзæгты: китоби хуб (китоб - чиныг, хуб - хорз) - киунуги хуарз - чиныджы хорз; китоби тунук - киунуги тæнæг - чиныджы тæнæг; хонаи балаид (хона - хæдзар, баланд - бæрзонд) - хæдзари бæрзонд, хæдзары бæрзанд; газети нав - газети нæуæг, газеты ног æмæ аф. д. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы æвзаджы дæр ис йæхи изафеты исты хицæндзинæдтæ, фæлæ уæлдæрамынд примерты таджикаг æмæ ирон æвзæгты изафетæн кæй ис иумæйаг формæ, ууыл дызæрдыг кæнын нæ хъæуы. Таджикаг æвзаджы изафетон конструкци у универсалон формæ, æххæстгæнæн æмæ æххæстгæнинаг дзырдамады. Ам дзырдты амад æрмæст иу хуызы цæуы, - изафетон конструкцийы хуызы. Уымæ гæсгæ дзырдамад китоби хуб ивд нæ цæуы хуб китоби-йæ. Ирон æвзаджы та арæхдæр дзурæм хорз чиныг, тæнæг чиныг æ. а. д., изафетон конструкцитæй та пайда афтæ арæх нæ кæнæм. Хуымæтæджы атрибутивон дзырдамадты æмæ изафетон конструкциты æхсæн ис æнцон раиртасæн хъауджыдзинад. Уыцы хицæндзинæдтæ дзы куы нæ уаид се ’хсæн, уæд уыцы дыууæ формæйы уæвгæ дæр нæ уаиккой не ’взаджы. Цæмæй мæ хъуыды бæлвырддæрæй равдисон, уый тыххæй æрхæсдзынæн примертæ. Райсæм дыууæ хъуыдыйады: 1. Рахæсс-ма мын мæ зæронд кæрц. 2. Рахæсс-ма мын мæ кæрцы зæронд. Фыццаг хъуыдыйад уый æвдисæг у, æмæ рахæссын хъæуы зæронд кæрц, уымæн æмæ ма дзы ис, æвæццæгæн, æндæр кæрц кæнæ кæрцытæ. Æмæ дзырд «зæронд» амоны, цавæр кæрц рахæссын хъæуы, уый. Дыккаг хъуыдыйады «кæрцы зæронд» æвдисы бынтон æндæр хъуыды. Хъуыддаг, æвæццæгæн, афтæ у, æмæ дзурæгæн ну кæрц йеддæмæ нæй, ноджы кæрц у зæронд æмæ дзы, æвæццæгæн, райгæ дæр нæу. 608
Куыд уынæм, афтæмæй дзырдамадтæ зæронд кæрц æмæ кæрцы зæронд хицæн кæнынц канд сæ нысаниуæгмæ гæсгæ нæ? фæлæ сæ стилистикон (экспрессивон) тыхмæ гæсгæ дæр. Ахæм зынгæ хъауджыдзинæдтæ куы нæ уаид хуымæтæджы дзырдамады æмæ историон изафеты æхсæн, уæд уыцы рагон формæ ныры рæстæгмæ «цæргæ» дæр нæ кæнид. Æмæ уыцы хъауджыдзинæдтæ хынцын хъæуы, ирон историон изафеты конструкцитæн сæ мидис æмæ формæ куы æвзарæм, уæд. Уыцы хицæндзинæдтæ нæ рахатыдта Гагкайты Хъ. Ам авторы фæсайдта дзырды кæрон «ы» (дыгурон диалекты «и»). Ацы суффикс (афтæ йæ схонæм) у гуырынон хауæны кæроны хуызæн, зæгъæм, кæрцы дыс, хæдзары къултæ, чиныджы цъæрттæ æмæ аф. д. Фæлæ уыцы иухуызондзинад хъуамæ мах ма сайа. Ирон æвзаг тынг хорз чи æмбуды, чи йын æмбары йæ лыстæг фæзилæнтæ, уыдон æнцонæй бамбардзысты дзырд «кæрцы» йемæ кæй хæссы бынтон хицæн дыууæ хъуыдыйы мæнæ ацы дыууæ дзырдамадты: кæрцы дыс æмæ кæрцы зæронд. Фыццаг дзырдамады номдар «кæрцы» амоны иннæ номдары (дыс) бæрæггæнæн, дыккаджы та миногон зæронд амоны, кæрц цавæр у, уый. Ам ныхас цæуы зæронд кæрцыл. Куыд уынæм, афтæмæй дзырд «кæрцы» ацы дыууæ примеры хæссы йемæ принципиалон æгъдауæй бынтон хицæн дыуув нысаниуæджы. Кæд гуырынон хауæны кæрон æмæ историон изафеты æвдисæн иухуызон сты, уæддæр сæ нысаниуæгтæ хицæнтæ сты. Ацы ран ма бацамонын хъæуы иу историон факт: рагон ирайнаг æвзæгты номивæг - хйа, кæцы пайдагонд цыди дыууæ сæйраг хуызы. Уыдонæй иу уыди посессивон функци, иннæ та атрибутивон функци. Æмæ уыцы дыууæ функцийы райрæзыдысты сæ иу гуырынон хауæнмæ, иннæ та - изафетон конструкцимæ. Æмæ нырыккон ирон æвзаг уыдонæй пайда кæны йæхи хъуыдывдисæн æмæ стилистикон хъуагдзинæдтæм гæсгæ. Гагкайы-фырт историон цæстæнгасæй куы æркастаид уæлдæрамынд примертæм, лыстæгдæр сын куы раиртæстаид сæ нысаниуæг æмæ, æппын фæстаг, нырыккон ирон æвзаджы 609 39
факттæ куы абарстаид æндæр ирайнаг æвзæгты факттимæ, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, скодтаид раст хатдзæгтæ. Рагон номивæг - хйа ирон æвзаджы историон фонетикæйы закъонтæм гæсгæ кæй райрæзыд ныры-ы-мæ (дыгурон диалекты - и), ууыл дзырдтой Вс. Миллер, стæй Абайты Васо. Фæлæ йæ уыдон бастой гуырынон хауæнимæ. Фæстагмæ Миллер йæ хъуыды аивта (кæс «Осетинские этюды», ч. III). Чи зоны æмæ Вс. Миллер раст уыд æмæ гуырынон хауæны кæрон равзæрд рагон - уа, 1а-йæ. Уæд алцыдæр йæ бынаты бады: гуырынон хауæн равзæрд - уа, - 1а-йæ, рагон хйа та райрæзыд изафетмæ (иннæ ирайнаг æвзæгты хуызæн), стæй йæ функцитæй иу гуырынон хауæнимæ баиу. (Ууыл бæлвырддæр æрдзурдзыстæм æндæр ран). Æз цы конструкцитæ æвзарын, уыдонмæ ацы дыууæ ахуыргонды æппындæр не ’ркастысты. Скæнæм цыбыр хатдзæгтæ. 1. Ирон æвзаджы дзырдты амады æгъдæуттæм гæсгæ бæрæггæнæн æрмæст бæрæггæнинаджы разæй нæ вæййы (зæронд кæрц), фæлæ йæ фæстæ дæр (кæрцы зæронд). 2. Фæстаг примеры элемент «ы» (дыгурон диалекты -и-) абарæн ис æндæр ирайнаг æвзæгты изафетимæ. 3. Ирон æвзаджы историон изафет, иннæ ирайнаг æвзæгты изафеты хуызæн, равзæрд рагон ирайнаг номивæгæй. 4. Историон изафет мах æвзаджы анахронизм нæу, фæлæ, кæуыл æмбæлæм æмæ кæмæй пайда кæнæм, ахæм «цардæгас» фæзынд. 5. Историон изафет ирон æвзаджы йемæ хæссы куыд хъуыдывдисæн (идеографикон), афтæ стилистикон функцитæ дæр. Уыцы хуызты дзы пайдагонд цæуы литературон уацмысты дæр. —<©$©>— 610
Дзадтиаты Тотырбег ХОРЗ ХЪУЫДДÆГТЫ ЧИНЫГÆЙ Очерк 1. «Иваргæндты ротæйы» ног хицау Нæ республикæйы раззагдæр куыстуæттæй иу - ОЗАТЭ-йы цехты æдзæллагдæрыл раджы кæддæр сбадт æфхæрæн ном - «Иваргæндты ротæ», зæгъгæ. Директоры кабинетмæ та иу ахæмы сæ «оперативкæмæ» æрбамбырд сты заводы командиртæ. Алчи дæр дзы дзырдта, йæ цехы куыст куыд цыди, ууыл. Се скаст æмæ се ’ркаст уыди иу цехмæ, ЦЛПД кæй хонынц цыбырæй, уымæ. Æппæт цехтæ дæр уыдысты, ам кæй уагътой, уыцы хæйттæ хъуаг æмæ дзы иу дæр уый аххосæй пълан не ’ххæст кодта. - Худинаг нæ кæны ЦЛПД! - дзырдтой иутæ. - Фæсурын хъæуы, чидæриддæр дзы кусы, уыдон! Ног æгъдау, ног адæм сæвæрын хъæуы уыцы цехы! - дзырдтой иннæтæ. Директор бадт йе стъолы цур æмæ катæйттæ кодта. Йæ цæстытыл уади цехы уавæр чъизи пресстæ, æмтъеры агъуыст, æгъдау дзы нæй, чи æрбацæуы куыстмæ нозтджынæй, чи та æрæджы бакæны... Бракæн кæрон нæй. Ацы цехы йæ куыстæй кæй систой, стæй æндæр рæттæм кæй аивтой, уыдон тыххæй приказтæ фыссынæй бафæллад директор. Заводы инженертæй уыцы цехмæ хицауæй ничиуал куымдта. - Мæнæн мæ бон нал у уыцы цехимæ архайын, - фæлладхуызæй загъта директор. - Кæй нæ дзы бавзæрстам, ахæм ма чи баззад? - фæрсæгау акаст командиртæм æмæ æнгуылдзтæй нымадта, фæстаг дыууæ азмæ цехæн цал хицауы раивтой, уыдон. Схæццæ сты фарастмæ. Ныр дæр та цехы хицау уыд ивинаг: йæ бон нæу куыст рацаразын. - Цæй, ныр та дзы кæй сæвæрæм? Чи слæууын кæндзæн Цех йæ къахыл? Бархийæ чи райсдзæн йæхимæ ахæм уæззау 611
æмæ бæрнон хæс? Мæхæдæг дзы сбадин æмæ... Цæй, исты зæгъут, æмбæлттæ! Фæлæ ничи ницы дзырдта: фараст инженерæй иу дæр кæм нæ сарæхст, уырдæм ма йæ ныфс чи хаста! Фæстагмæ сыстад пъланон-экономикон хайады сæргълæууæг æмæ загъта: - Гагкайты Аркадийы зонут? Мæнмæ гæсгæ, уый сарæхсид уыцы цехы хицауæй... - Чи, чи? - фæзылди йæм директор. - Инженертæ кæм нæ арæхсынц, уым мастер сарæхсдзæн? - Бирæты дзы бавзæрстам æмæ Гагкайы-фыртмæ дæр бакæсæм: хъаруджын лæппу у, зындзинæдтæ чи бавзæрста, ахæм. Хъуыдытыл фæци директор, стæй сыстад йæ бынатæй æмæ загъта: - Фæци не ’мбырд, алчи уæ йæ куыстмæ ацæуæд. Сæрæнгаст, уæнгджын лæппулæг бадт кабинеты æмæ директоримæ ныхас кодтой зæрдæйæ-зæрдæмæ. - Фыдыбæстæйы хæсты рæстæг ды къаннæг уыдаис, Аркади? - афарста йæ директор, кæд хæсты æмæ цехы хъуыддæгтæ кæрæдзимæ тынг дард лæууыдысты, уæддæр. Аркади нæма зыдта, цæмæ йæм фæдзырдта, уый æмæ дис дæр фæкодта, куысты рæстæг директоры куыд æвдæлы хæсты хабæрттæм хъусынмæ, зæгъгæ. - Æвддæсаздзыдæй ацыдтæн хæстмæ, 1942 азы, - загъта Аркади. - Бархийæ, æвæццæгæн? - афарста та йæ директор. - Ахæм кары, уæдæ, мæн чи бауырæдтаид: хæст Елхотмæ куы ’рбахæццæ, Дыгуры сæрмæ дæр сау мигъ куы ’рбадти, уыцы дуджы... Дард цæуын нал хъуыди тыхгæнджыты ныхмæ хæцынмæ... О, æвддæсаздзыд лæппу Аркади немыцаг æфсæддонты фыццаг хатт федта, йæ райгуырæн хъæу Хъæдгæронмæ куы бырстой 1942 азы фæззæджы, уæд. Хæрз æрыгон салдат йæ сабийы бонтæ хъæлдзæг æмæ худгæйæ кæм æрвыста, ныр æй уырдæм цæуын бахъуыди хæстон разведкæйы. Æрæмбæхст 612
хъæугæрон хæмпæлы æмæ касти, йæ зæрдыл дардта, хъæумæ цас танктæ бырстой, уый. Уæртæ Алагиры ’рдыгæй рыг калгæ тæхынц автоматджын æмæ пулеметджын мотоциклисттæ. Цæст сыл нæ хæцы, рыджы хорз нæ зынынц, æмæ сæ чи фæнымайдзæн. Йæ хæд рæзты æрсенк кодта бронемашинæ æмæ йыл рыг æрбакалдта: «Гъей-джиди, гранатты баст мæм уæддæр куы фæцадаид!» - мæстæй ссыгъд лæппу, фæзылд фæстæмæ æмæ йæ цыппæртыл абырыд. Йæ алы фæрсты хæмпæл карстой знаджы нæмгуытæ: немыцæгтæ, æвæццæгæн, зæрдаивæй æхстой змæлгæ хæмпæл. Хæстæг æм æрхауд минæ дæр. Фæстагмæ æхст фæсабыр. Аирвæзт разведкæгæнæг, фæлæ федта, Æрыдоны доныл танкты дзыгуыр æрбахизы, уый. Фæстиатгæнæн нал уыд. Аркади фехъусын кодта йæ ротæйы командирæн хабæрттæ. Уый æркаст картæмæ æмæ бынат ацамыдта танкты ныхмæ хæцæн сармадзаны командир Аркадийæн, знæгты размæ рындзыл кæм æрбадын хъæуы, уый: Хъæдгæронæй стыр фæндаджы астæу гæны хуымты. Ам уыд æрхдæр, æмæ æрхæй танк йæ бырынкъ куыддæр сдара, афтæ цæв гусеницæты кæнæ бензины бак. Ротæ ’рцахста бынат. Мæнæ цалдæр танчы гыбар-гыбургæнгæ сбырынц æрхæй. Райхъуыст сармадзанты æмгуыпп. Танктæй дыууæ фæстæмæ абырыдысты. Æртыккаг уæлбыл аззад цъæх пиллон калгæ: Аркадийы сармадзаны нæмыг ын ссыгъта йæ бензобак, дыккаг æмæ æртыккаг гæрæхтæй атыдтой танчы цæлхытæ. - Хорз! Иттæг хорз! - фехъуыстой командиры ныхас танкты ныхмæ хæцæг салдæттæ. Сæ зæрдæтæ фæфидар сты сæ фыццаг æнтыстæй. Фæлæ цы фесты иннæ знæгтæ? Уæлбылмæ дзы куы ничиуал хизы... Аркади, æнхъæлмæ кæсгæйæ, фенкъард æмæ йæ акъоппæй сгæпп кодта. Хъусты ныццарыдта пулеметы къæр-къæр. Аркади андæгъд зæххыл æмæ бырыд йæ бынатмæ. Акъопмæ ныттула, зæгъгæ, афтæ йæ астæу артау ссыгъд, ронбастæй дæлæмæ цыма йæ уæлæ нал уыд, уыйау æм фæкаст. Мигъ бон, сæлфынæг кодта уазал къæвда. Лæхъир зæххы уазал уæнгты ахъардта, тых сысыди, хъустæ фæкъуырма сты. «Æмбæлттæ, 613
æнæныгæдæй мæ ма ныууадзут!» - дзырдта йе ’мбæлттæм Аркади, йæ ныхас йæхимæ дæр нæ хъуысти, афтæмæй. Хъæр æм кодтой йе ’мбæлттæ дæр, фæлæ йæ бон дзурын нæ уыд, æмæ йæ, æвæццæгæн, банымадтой мардыл. Уырдыгæй сæ уайтагъд æндæр ранмæ аивтой. Фæстæдæр куыд базыдта, афтæмæй хæлгæ нæмыг сæмбæлд галиу фарсыл æмæ рахизæй дæр гæбаз ратыдта, бахъыгдардта астæуы хъул. «Мæ хъæумæ ма иу каст акæнын мæ бон куы бауаид!» - архайдта Аркади рæмбыныкъæдзтæй, фæлæ ма сыстыны æмæ цæстытæ байгом кæныны тых кæмæ уыди. Немыцаг тугдзыхтæ - Хъæдгæроны. Йæ мад, йæ хотæ, æфсымæр - чысыл Петя, хæстæджытæ уым... Цы фесты афонмæ? Иу уынд ма сæ уæддæр куы фæкодтаид! Йæ цæфтæ байгас сты. Аркади та фæстæмæ февзæрд фронтæн йæ тæккæ гуылфæны. Ныр уыд разведкæгæнæг. ...Днестры был Бессарабийы. Май. Æрбаввахсдæр хæсты кæрон. Фашистты æрдонгтæ тугвæд уадзгæйæ цыдысты фæстæмæ, -ныссаст сæ машинæйы сæмæн. Фæлæ ма фæкъæпп- фæкъæпп кодтой, æрра бирæгътау. Аркадийы æмбæлттæн лæвæрд æрцыд бæрнон хæс: Днестры фаллаг фарсмæ бахизын, десант кæдæм æппардзысты, уыцы бынæттæ басгарын. Фæтæн доны фаллаг фарс фесты сæрæгасæй. Рæвдз ацыд уырдæм æфсæддон хай баппарыны хъуыддаг дæр. Фæлæ... Хæсты, стыр хæсты куыд вæййы, афтæ: десанты сæрмæ арв тар мигъау æрбахгæдтой знаджы хæдтæхджытæ, десантонты сæрыл их уарæгау калдысты бомбæтæ. Зæхх йæхимидæг рызти. «Нæхирдæм, кæмæн куыд йæ хъару у, афтæ!» - рацыд приказ. Аркади лæууыд доны был æмæ федта, йе ’мбал салдат Баранов йæхи бынтон бæгънæгæй Днестры куыд баппæрста, уый. «Æз дæр афтæ бакæнон? - ахъуыды кодта Аркади. - Æмæ уæд партион билет та? Нæ, мæ зæрдæ ам нæ ныууадздзынæн! Мæ ордентæ æмæ майдантæ дæр мæ тугæй æхсад сты æмæ...» - æркаст йæ риумæ: «Фыдыбæстæйы хæсты орден», «Цыты орден», «За отвагу» - дыууæ майданы фæрсæй-фæрстæм... Йæ планшеты сæ авæрдта партбилетимæ, дон кæм нæ хъары, 614
ахæм гæххæтты сæ батыхта æмæ сæ дарæсимæ фæсонтыл æргьом баст бакодта. Ленк кæны фæтæн æмæ арф Днестры. Дон бомбæтæй хæрдмæ пæллахъ кæны: Аркади куы уылæны бын фæвæййы, куы та сгæпп кæны æмæ уæд сулæфы. Уæртæ æрбахæстæг фаллаг был. Иу фондз-дæс метры ма, æмæ фервæзт. Фæлæ кæм! Бомбæ та фехæлд хæстæг ран æмæ салдаты пуртиау хæрдмæ фехста: дарæсы æргъом иуырдæм фæтахт, планшет - иннæрдæм. Аркади та сæмбæлд доныл æмæ дзы арф аныгъуылд. Куы скаст, уæд йæ хъуыды ацахста: нал ис партбилет, нал сты ордентæ æмæ майдантæ. «Нæ, партибелет фесафынæй мæлæт хуыздæр!» - æмæ та доны аныгъуылд, байгом кодта цæстытæ æмæ агурын райдыдта. Мæнæ змæст доны цъыллинджытæ кæны планшеты бос. Стырдæр хæзна ссарæгау бацин кодта фæллад æмæ удаист салдат, дæндагæй фæхæст босыл. ...Польшæ. Варшавæмæ хæстæг хъæдбын. Тар æхсæв. Уазал. Аркади йæ разведкæгæнджыты къордимæ улæфыд бæлæсты бын. Æххормаг салдæттæ се ’хсæвæры кой кодтой. Чидæр хус къæцæлтæй арт акодта. «Æнæрхъуыдыдзинад! Знæгтæ нæм чердыгæй æрбагæпп кæндзысты, уый нæ зонæм, афтæмæй - арт?!» - бабустæ кодта Аркади, фæлæ арты цур æрбадт æмæ йыл хъарм кæнын райдыдта консервы банкæ. - Фрицтæ! - фæцыд æнуд хъæр. Фæкастысты фæйнæрдæмыты: алырдыгæй сæм знæгтæ ныддардтой автоматтæ: «Йæ бынатæй мачи фезмæлæд!» Хъæрæн дзуапп дæттæгау, Аркади гранат фехста, дыккаг, æртыккаг... Стынг и хæст. Фараст фашисты сæ бынæтæй нал фезмæлыдысты. Иннæтæ хъæды апырх сты. Æрцахстой ма дзы иуæндæс... Дардцæр Аркади дзырдта, Кюстрины стыр фидар куыд байстой, берлинмæ куыд ныббырстой æмæ хæст куыд фæци, уæлахизы боны ралæудыл куыд цин кодтой, уыдæттæ. Фæци мастер йæ ныхас. - О, æмæ дын зæгъынмæ хъавыдтæн, Аркади, - сдзырдта директор хæлар зæрдæйæ. - Нæ фыдæбойнаг цехы уавæр зоныс? 615
- Зонын æй, бæргæ, - цы зæгъынмæ хъавы хицау, уый нæ бамбæрста Аркади. - Йæ равзæрæн бонæй нырмæ хæцы заводыл фæстæмæ... Цех нæ, фæлæ - худинаггæнæн! - Æмæ нæ кæдмæ тухæнæй хъуамæ мара, и? - директор лæмбынæгдæр бакаст Аркадимæ æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма йемæ абон базонгæ. Афтæмæй та Гагкайы-фырт заводы кусы æртындæс азы. Фыццаг уыд ног заводы хъахъхъæнджыты хистæр. Кусын дзы райдыдта, гæрæн конд дæр ыл куы нæма уыд, уæд. Зынаргъ машинæтæ æмæ аразæн æрмæг хъахъхъæнгæйæ, æнцой нæ зыдта бонæй, æхсæвæй. Завод рæзти йæ цæстыты раз. Ног техникæйæ рæвдзгонд куыстуаты продукци куыдфæстæмæ хæццæ кæнын байдыдта суанг фæсарæнтæм дæр. Æнкъард кæнын байдыдта Аркади. Завод аразджытæй бирæтæ сысты мастертæ. Ау, уæдæ уый куыд бафæраздзæн йæ къухтæ йæ дзыппыты даргæйæ цæрын? Йæ царды куы никуы тырныдта æнцондæр бынæттæм, йæ туг фыцгæ кæм кодтаид, ахæм рæттæм куы бæллыд æдзух. Æви арæхсгæ не скæндзæн? Сахуыр æй кæндзысты! Æгъуызарты Барисы хуызæн мастер арсы куырæт хуыйын куы сахуыр кæндзæн... Аркади балæвæрдта курдиат директормæ, цехмæ мæ ахуыргæнинагæй барвитут, зæгъгæ. - Абэвэ фæцæуы! - худтысты хъалтæ мастер Æгъуызары- фырты аст æмæ ссæдзаздзыд ахуыргæнинаг Аркадийыл. - «Чи кæуыл худдзæн, уый чысыл фæстæдæр рабæрæг уыдзæн!» - йæхинымæр-иу загъта Аркади æмæ йæ фæндон æххæст кодта заводы инструменталон цехы. Бонæй-бон тынгдæр цыди йæ зæрдæмæ ног куыст. Бауарзта машинæтæ, фæзмыдта сызгъæринкъух мастеры. Рацыд мæй, дыккаг, æртыккаг... Аркадийы «Абэвэ» чи хуыдта, уыдон дисы бацыдысты, мæнæ куыд арæхсы станоктимæ, зæгъгæ. Гагкайы-фырт куыста наладчикæй, æмæ- иу уайтагъд станоктæй кæцыдæриддæр скусын кодта. - Мæ ахуыргæнæгыл ахуыр кæнын стыр циндзинад у! - ныр дæр фæзæгъы Аркади. - Универсал! Цы нæ зоны, цы! 616
Бузныг у Аркади, стыр бузныг Æгъуызары-фыртæй. Прессты цех. Ам цалдæр азы згæ кодта Германæй æрбаласт машинæ-автомат: ничи йын зыдта йе ’ууæлтæ. Заводы та ахæм автомат æхсызгон хъуыди. - Ехх, Аркади! - иу бон загъта цехы хицау инженер Кодзасты Георги. - Лæгтæ ма фæхуыйнæм æз æмæ ды, ацы автомат куы нæ скусын кæнæм, уæд! Райдыдтой автомат ахуыр кæнын æмæ фæлварын. Цыбыр рæстæгмæ йæ скусын кодтой. Йæ уæлхъус æрлæууыд Аркади. Фараст алыхуызон хайы уадзын байдыдта пресс-автомат. Дирекци йын нормæ дæр сфидар кодта-15 мин деталы. Аркади йыл афтæ арæхстис, æмæ сменæйы дæргъы лæвæрдта 40-45 мин деталы - æртæ нормæйы. Ахуыр ыл кодта иннæ лæппуты дæр. Пресс-автомат «Шиллер» ссис цехы циндзинад - суæгъд кодта æнуд куыстæй цалдæр адæймаджы. Уый тыххæй дзурын байдыдтой æмбырдты, фыстой газетты. Аркадийы сæвæрдтой прессты цехы мастерæй. Фæстæдæр та участочы хицауæй. Æртæ мæймæ куыст афтæ рацарæзта, æмæ заводы Сырх тырыса сфæйлыдта йæ участочы машинæты сæрмæ... - Афтæ уæдæ, Аркади, нæ ныхас фæцыбыр кæнæм, - сыстад директор æмæ йæ къух радта мастермæ: - Нысан дæ кæнын «иваргæндты цехы» хицауæй... Аркади йæм кæсгæйæ баззад. - Мæн æвæрыс цехы хицауæй? Æмæ нæм инженертæ... Æви мæ заводæй сурыс?.. - Нæ ныхас партком, завком æмæ иннæтимæ дæр конд у... Райс цех дæхимæ! - фидарæй загьта директор. - Райдай кусын æвæстиатæй! Мах дын феххуыс кæндзыстæм. Мæйдар фæсæмбисæхсæв. Тыхджын къæвда. Фæлæ Аркадийы хуыссæг нæ ахста: бахызт заводы кæртмæ, Дуаргæрон хуылыдзæй æрлæууыд æмæ мидæмæ, цехмæ, бакаст. Станоктæн сæ фылдæр нæ куыста. Цалдæр чызджы æмæ лæппуйы хуыссæгхъæлдзæгæй ракал-бакал кодтой алыхуывон хуызджын металлты хæйттæ. Сæ фылдæр хай сын æппæрстой иу кæримæ. Цехы ног хицауы куы федтой, уæд 617
иууылдæр джихæй аззадысты: «Æрра фæци! Цы йæ ’рбахаста фæсæмбисæхсæв? Арв æмæ зæхх кæрæдзи куы хойынц!» - Цы архайут уыцы уæнгмардæй? - рамæсты Аркади. - Мæнæ фаджысы сызгъæринтæ агурæм, - худтысты чызджытæ. - Фæлæ ды суткæ æртæ сменæйы фæкусыс? Ам цы ми кæныс? - Уый уæ хæдзæртты уынаффæ нæу... Кæм сты брак рауадзджытæ? - Сæ чеппыл не сты æмæ... фынтæ уынынц... Уæртæ сын сæ хуыр-хуыр нæ хъусыс? Аркади машинæйы фæстæмæ йæ тæрттæй дуаргæронмæ раласта æрыгон, рæсыдцæсгом лæппуйы. - Куыд æрбауæндыдтæ цехмæ ахæм хуызы?! - ныууыгъта йæ æмæ йæ афтид хæдоны къæвдамæ расхуыста: - Дæхи уал анай!.. Иннæ, æрыгондæр, хъæлæбамæ фехъал æмæ йæхæдæг ралыгъд. Чызджытæ æмæ лæппутæ сæ фæстæ ныккæл-кæл кодтой: «Ауайут, ауайут! Авдæнбæттæны фынгыл ма цыдæр фæлхæрдтæ аззад æмæ «пъахмел» скæнут!» Аркади разылд станоктыл, алкæй «зæрдæмæ» дæр дзы лæмбынæг байхъуыста, равзæрста йын, хорз дохтырау, йæ низы хатт. Фæдзырдта Анатолимæ - æрыгон саулагъз лæппумæ. Уымæн дæр йæ хуыссæг фæлыгъд, афтæмæй алæууыд хицауы раз: - Мæн аххос нæ уыд, - станоктæм мæн хæстæг дæр нæ бауагътой... Сæхæдæг... — йæхи раст кодта ахуыргæнинаг. - Кæй аххос у, уымæй дæ нæ фæрсын, - йæ цæст ыл æруагъта Аркади.- Виктор æмæ Мишæ кæм цæрынц, уый зоныс? Анатоли куыннæ зыдта, цехы хуыздæр кусджытæ - æрыгон лæппутæ Мырыкаты Виктор æмæ Поддубный Мишæ - кæм цардысты, уый. - Цæугæ æмæ сæ ардæм æрбахæццæ кæн, зæгъ сын: «Цехы авари, æмæ уæм Аркади дзуры». Лæппуйыл йæ уæлæфтау æрбакодта æмæ йæ рарвыста фæдисы. Йæхæдæг йæ цæнгтæ бафистæг кодта æмæ кусджыты афарста: — Сымах ма кусын фæнды? 618
Чызджытæ æмæ лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты. Ничи сæ ницы сдзырдта, фæлæ сæ цæстæнгасыл бæрæг уыд, ног хицау иннæты хуызæн «хатыргæнаг» нæу, уый кæй бамбæрстой. Виктор æмæ Мишæйы æрбацыдмæ Аркади барæвдз кодта станоктæ æмæ дзы дыууæйыл куыста йæхæдæг. - Цавæр авари æрцыд, Аркади? - фæдисхуызæй йæ афарстой ног æрбацæуæг лæппутæ. - Сменæ йæ хæсы æрдæг дæр не сæххæст кодта, - бакаст сæм мæстыйæ Аркади. - Уый авари нæу, уæдæ йæ цы хонут? - Ахæм аваритæ махмæ - алы бон дæр! - бахудтысты лæппутæ.- Ныр цалдæр азы. - Ныр иу бон дæр нал! - фидарæй загъта Аркади. - Мæ удæгасæй иу ахæм «авари» дæр нал уыдзæн. Æрлæуут æмæ кусут. Сменæйы фæудмæ ма ис æртæ сахаты. Хæслæвæрдæн æнæ сæххæстгæнгæ нæй! Уыдон кæрæдзимæ бакастысты æмæ скусын кодтой станоктæ. Иннæтæ дæр æмдыхæй февнæлдтой: хардзау сæм æркаст, сæ хæстæ сын хицау æмæ, йæ сменæ кæмæн нæу, уыдон кæй æххæст кæнынц, уый. Фæлæ дзы чидæртæ сæхинымæр хъуыды кодта: «Ног цъылын мæрзаг у. Иу æхсæв, дыккаг æхсæв... стæй æрбаддзæн иннæты бынаты: суткæ æртæ сменæйы кусын кæдмæ бафæраздзæн?!» Фæлæ нæ, афтæ нæ рауад. Аркади фæрæзта алы афон дæр цехы куыст бæрæг кæнын. Иу адæймаг, иу станок, иу бригад дæр нæ уагьта йæ хæс нæ баххæст кæнгæйæ. Ног хицау хæстæй æрхаста хорз æгъдау: фидар уаг кæм нæ уа, уым нæй хъуыддаг дæр. Æмæ Аркади йæ куыст байдыдта куыстадон æгъдау фидар кæнынæй. Цехæй рамарзта зæронд бырон: расыг кæныны, куыстмæ афойнадыл нæ цæуыны, цухтæ кæныны митæ. Фисынмæхæцджыты сахуыр кодта куыст уарзыныл, æфсарм æмæ уаг зоныныл. Ныр куыстмæ нæ рацæуын, байрæджы кæнын, хæслæвæрд нæ сæххæст кæнын цехы алкæмæ дæр кæсы худинаг, æгад хъуыддаг. Ахæм æгъдау йæ фæстæ расайдта ногдзинæдтæ: Владимир Сердюковы æмæ Борис Владиславскийы бригад - сменæ кусын байдыдта, Надежда Заглада куыд домы, афтæ. Сæ куысты 619
мызд исынц «æхсæны агæй» - æппæт сменæйы æнтыстдзинад куыд уа, уымæ гæсгæ. Цы хорздзинад ис ацы ног хъуыддаджы? Фыццагдæр уый, æмæ бригады алкæй зæрдæ дæр æмхуызон риссы хæслæвæрд афойнадыл æмæ хорз æххæст кæныныл. Уæнгмардæй, æнæмæтæй кусын, брак уадзын никæмæн хатыр кæнынц: алкæмæй дæр домынц, йæ бон æмæ йæ фадат цас у, уый бæрц кусын; дыккагæй, æмзæрдæйæ архайынц зынаргъ металл фæстауæрц кæныныл. Уый у коммунистон фæллойы сæйраг принцип. Афтæ кусгæйæ, бригад йæ хæслæвæрдтæ æххæст кæны 119-130 процентæй, мæйæ мæймæ фылдæр кæны куысты мызд дæр. Ацы бригады фæзмгæйæ, цех сентябры фыццаг хатт сæххæст кодта йæ пълан 124 процентæй. Ноджы хуыздæр та куыста октябры... Ныр цехы коллективмæ ничиуал бадзурдзæн, «иваргæндты ротæ», зæгъгæ: заводы цæугæ Сырх тырыса ис уыдонмæ. - Гагкайы-фырт ма уагæры æххæст инженер куы уаид! - буцæй фæзæгъынц ныр Аркадийæ заводы разамонджытæ. II. «Уый æнхъæл та сын чи уыд!..» Ирд фæззыгон райсом. Хур йæ был сдардта Тарскы хæхты фæстейæ æмæ йæ тынтæ зæрста урссæр хæхтыл, згæхæрд фæхстыл æмæ дæлвæзтыл. Бæлæстæ æмæ хусбын хæмпæлæй уымæл зæхмæ лыстæг фæрдгуытау æрттивгæйæ згъæлдысты халасы æртæхтæ. Æмиас дыууæ æрыгон чызджы, кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ, бахæццæ сты «ОЗАТЭ»-йы дуармæ æмæ сæ пропусктæ равдыстой хъалагъурмæ. Сæ иуыл, ног пропуск кæмæ уыд, уыцы чызгыл хъалагъур йæ цæстæнгас æрхаста бæстондæр æмæ тызмæгхуызæй загьта: - Чызг, ды фæрæдыдтæ, ам завод ис... Скъола дæлдæр аззад... - Нæ, нæ фæрæдыдтæн! - хъыг фæкаст чызгмæ хъалагъуры ныхас æмæ йæм паспорт февдыста. - Цом, цом, Лидæ! Уый хъазгæ кодта! - йæ цонгыл ын ахæцыд иннæ чызг, цыма йын фæстæмæ лидзынæй тарсти. 620
- А-а-а! - йæ дзых хæлиуæй аззад уæзбын æрыгон хъалагъурæн. - Дамгьæтæ базыдтай... Ныр та цардыл ахуыр кæнынмæ цæуыс? Лæппутæ нæм ис! - Дæ хуызæттæ? Ахæмтæ æз дæлæ Терчы был дæр рауидздзынæн! - йæхи йæм фæкъæйных кодта ног æрбацæуæг чызг дæр æмæ дуар йæ фæстæ рагуыпп кодта. Лидæ цехы уæрæх дуарæй куы бакаст, уæд федта: станоктæ лæууыдысты рæнхъ-рæнхъы æмæ дзы алчи дæр кодта йæхи зарæг. - Ай мæ кæдæм æрбакодтай, Валя?! Æрдуйау дзы куы æрбайсæфдзынæн, - фæтыхст Лидæ. - Ам сæфæн нæй, Лидæ! Уæд дзы æз дæр фесæфтаин ныр дыккаг аз! - йæ къухыл ын ахæцыд Валя æмæ цехы астæу зырнæйзилæн рог станочы раз æрлæууыдысты. Сменæйы райдианмæ ма сахаты æрдæгæй фылдæр уыд. Валя йæ станок кусынмæ рæвдз кодта, чысыл къухтæй архайдта роялыл цæгъдæгау æмæ йæ хæларæн дзырдта, цы бынатмæ йæ æрбакодта, уый «сусæгдзинæдтæ». Лидæ ахуыр нæма уыд ахæм ран æмæ йæ сæр зылди, хатгай- иу дзæгъæлгаст дæр фæци иннæ æнахуыр æнцон архайæн, коммæгæс машинæтæм. Адæймагæн дзы цыма ницы куыст уыди, иууылдæр машинæтæ сæхæдæг куыстой, кусджытæ та сæм æнцад кастысты, афтæ зынди Лидæмæ. - Нæ автогенератортæ, нæ фарæтæ æмæ иннæ продукци кæдæм нæ хæццæ кæны, кæдæм, - сæрыстырæй дзырдта Валя. - Уагæры кæдæмты хæццæ кæны уæ кой? - æнæууæнкæй афарста Лидæ. - Мæскуы, Ленинград, Минск, Киев, Харьков сымах продукцимæ фенхъæлмæ кæсынц?.. - О! Бафтау ма сæм Таллин, Ригæ, Ташкент æмæ ноджы бирæ æндæр горæттæ! -фæцырд дзуапмæ Валя. -Уый нæхимæ, Советон Цæдисы. Стæй фæсарæнты та! - Æмæ фæсарæнтæм дæр исты æрвыст цæуы ацы заводæй? - Нæ продукцийæн йе ’мбисы бæрц! Пекин, Варшавæ, Будапешт, София, Джакартæ, Дели, Каир... Цыбыр ныхасæй, иу фондз æмæ ссæдз фæсарæйнаг паддзахадмæ хæццæ кæны 621
нæхи «ОЗАТЭ»-йы конд продукци. Афтæ гъе, мæ хæлар. Мæнæ ацы цех баст у æгас дунеимæ... -Гъо-о-о! - ныддис кодта ног кусæг-ахуыргæнинаг лæппу. - Æз дзы уæдæ иу фарæйы кæнæ генераторы писмо куы авæрон, уæд æй берлинаг кæнæ кубæйаг лæппу бакæсдзæн æмæ мæм дзуапп æрбарвитдзæн, нæ? Афтæ нæу, Лидæ? - Æцæгдæр афтæ! - бахудт Лидæ. - Æрмæст дæ къухæй брак куы аирвæза, уæд дын де ’взæрдзинад уым дæр базондзысты... - Кубæм æ - брак? Нæ, ницы ху ызы! - бахудт аху ыргæнинаг.- Æз кусын куы базонон, уæд ма-иу кæс, мæ конд продукцийыл къæм дæр не ссардзынæ!.. Ацы ныхæстæ, Лидæ дыууæ азы размæ цехмæ фыццаг хатт куы æрбацыд, уæд кæй дзырдтой, уыдон æрæджы æрæмысыдысты хæлæрттæ, сихоры улæфтыл завод къулы газет «Молния» кæсгæйæ. «Молния» рацæуы, заводы исты ногдзинад куыддæр фæзыны, афтæ. Абоны «Молния» фæзынд Валентинæ Балановская æмæ Лидæ Сахнойы «тыххæй». Дыууæйæн дæр дзы сæ нывтæ. Валя æмæ Лидæ, иу станокыл кусджытæ, «Молния»-йы цур æрлæууыдысты æмæ кастысты, цы сыл фыстой къулы газеты, уый. Сæ фæстæ ма адæм цас амбырд, уый дæр сæ нал æндæвта. «Нæ нормæ нын фæфылдæр кæнут 12 проценты. Уымæн фадат ис, не станокыл кусгæйæ. Уыимæ куысты æнтыстдзинад фæфылдæр кæндзыстæм 20 проценты», - фыстой чызджытæ сæ курдиаты дирекцимæ. Дзырд куыд радтой, афтæ йæ æххæст дæр кæнынц. Се ’мбæлттæй кæмæ фæсидтысты, уыдон дæр сын хъуыддагæй дзуапп радтой: - Ротор кæныны нормæ мын фæфылдæр кæнут, - фыста къулы газеты токæр Дзантийы-фырт. Ротортæ формæгæнæг бригад - Касьянова, Селикова, Пахомова, Кучно æмæ Бобылева фыстой: - Фæллойадон æгъдау фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы мах бафæзмыдтам æмбæлттæ Сахно æмæ Балановскаяйы æмæ ныр нормæтæ æххæст кæнæм бирæ фылдæртæй. Нæ бригад куры дирекцийæ, нормæтæ нын куыд фæфылдæр кæна 7 проценты. 622
Дæлдæр Эллæ Горюновайы курдиаты та фыст уыди: - Балановская æмæ Сахнойы фæзмгæйæ, æз мæ нормæ 7 мин деталы бæсты бакусын 10-12 мин деталы. Курын æмæ мын нормæ сфидар кæнут авд мины бæсты дæс мины... Дирекци иттæт хорзыл банымадта дыууæ хæлар чызджы фæндон. Цехты сарæзтой æмбырдтæ. Валентинæ æмæ Лидæйы чи бафæзмыдта кусджытæй, уыдон кæнынц фылдæрæй- фылдæр. Кусджыты мызд нæ фæкъаддæр, афтæмæй завод бирæ æхца фæстауæрц кæны, продукцийы рауагъд та дзæвгар фæфылдæр æмæ фæхуыздæр. Фæлæ Лидæ æмæ Валентинæ не ’рлæууыдысты сæ фыццаг сгуыхтдзинæдтыл. Бахастой та ног фæндон: - Кусдзыстæм æнæ контролерæй, нæ куыст нæхæдæг бæрæг кæндзыстæм; не станок дæр нæхæдæг цæттæ кæндзыстæм куыстмæ, уадздзыстæм хæрзхъæд продукци. Нал нæ хъæуы наладчикдæр! Ацы уæндон фæндон заводы коллективы банкъуысын кодта. Æмæ æцæгдæр: алы кусæг дæр хæрзхъæд продукци куы уадза, брак куы нæ кæна, уæд ма йын контролер та цæмæн хъæуы?! Алы кусæг дæр йæ станокмæ дæсны куы уа, йæ «зæрдæйы уаг» ын хорз куы зона æмæ йын йæ къуыхцытæ иуварс кæнынмæ куы арæхса, уæд ма йæ, наладчик кæй хонынц заводы, уый цæмæн хъæуы?! - Æнæ контролертæй кусæн нæй! - дзырдтой иутæ. - Уæдæ æнæ наладчиктæй дæр куыд хъуамæ куыстæуа! - дис кодтой иннæтæ. Фæлæ Валентинæ æмæ Лидæ нæ байхъуыстой ахæм «зондамонджытæм», тынг дзæбæх кусынц æнæ контролерæй æмæ æнæ наладчикæй! Цы хæйттæ аразынц, уыдон сты, контролертæ ма кæй хъæуы, йæ станок искæмæн чи рæвдз кæнын кæны, уыдон продукцийæ хæрзхъæддæр. Нормæ кæй фæфылдæр кодтой, уымæй дæр сæ мызд къаддæр нæ фæци: раздæр-иу мæй кæд фæйнæ фараст - дæс туманы райстой, уæд ныр, фылдæргонд нормæ æххæстгæнгæйæ та райсынц мæй 12-13 тумантæ. 623
Дыууæ хæлар чызджы равдыстой стыр æхсар, «сæхи фæнд кæй тæрынц», уымæй. Фылдæр куы уаид ахæм «хивæнд» чызджытæ! Коммунизмы дуджы бæркадмæ ахæм æхсарджын æрыгæттæ гæрдынц хæстæгдæр æмæ растдæр фæндæгтæ. - Нæ заводы,- зæгъы Валентинæ, - контролертæ ис иу- æртиссæдзы. Уыдонæй алчи дæр мæй мызд исы дæс туманы бæрц. Æххуыс та цы сты продукцийы рауагъд фæфылдæрæн? Мур дæр ницы! Уæдæ кæй хъæуынц æмæ цæмæн? Цæй тыххæй фи ды завод мæй æхсæз мины, афæдз та~ 60 мины контрол ертæн? Брак уагъд, дам, ма ’рцæуа, - æрмæст уый тыххæй. Æмæ брак чи уадзы, уымæн æндæр хос, цымæ, ницы ис? Нæ коллектив у æрыгон, кусджыты фылдæр хаймæ астæуккаг æмæ уæлдæр ахуыр. Къахдзæфæй-къахдзæфмæ - инженер кæнæ техник! Афтæмæй ма брак уадзын кæй цæстом хъæцы, уый махæн æмбалæн нæ бæззы. Æмæ дæ фарсмæ де ’мбал фæлывд кæнæ æнарæхст куыст куы кæна, уæд ын комкоммæ зæгь: кæд кусын нæ зоныс, уæд уал сахуыр кæн! Кæд дæ нæ фæнды ахуыр кæнын æмæ сыгъдæг цæсгомæй, сыгъдæг зæрдæйæ кусын, уæд иуварс алæуу! Нæ цæсгæмттæ нын ма чъизи кæн! Афтæ йæ куы сæвæрæм, уæд уымæй рамбулдзæн нæ иумæйаг хъуыддаг, стæй нæ алчи дæр. Нæ заводы нырма дзæвгар ис, фатертæ кæмæн нæй, ахæмтæ. Æмæ, дзырдæн зæгъæм, дыууæ азмæ контролертæ цы æхца райсынц, уыцы 120 минæй стыр цæрæн хæдзар саразæн нæ уаид? Тынг хорз! Уæдæ нæ бæстæйы цы заводтæ ис, уыдон æнæ контролертæ кусынц, зæгъгæ, уæд та цас сфæстауæрц кæниккам! - Æмæ наладчикты тыххæй цæуыннæ зæгъыс, Валя? - йæ ныхас баппæрста Лидæ. - Уыдон дæр бон изæрмæ цоппай куы кæнынц цехты æнæхъæн рæгъауæй! Дæс æмæ дыууиссæдз наладчикы! Уыдон станоктыл куы кусиккой æмæ продукци куы дæттиккой, уæд цас фылдæр æнтысид нæ заводæн! - Лидæ, - дзуапп ын лæвæрдта Валентинæ, - уыдон тыххæй æз æмæ ды бафæзмджытимæ нæ ныхас загътам: кусæм æнæ контролертæ æмæ æнæ наладчиктæй. Хуыздæр ма йæ куыд зæгъæм, уæдæ? Хъуыддаг йæхи тынг хорз æвдисы. Заводы 624
коллектив нæ фарс у. Чи нæ не ’мбары, уыдонмæ дæр хуыздæр зонд æрцæудзæн... Æвзыгъд, сомбоны рæсугъддæр цардмæ тырнæг чызджытæ Валентинæ æмæ Лидæ дæр фыст æрцыдысты нæ дуджы хорз хъуыддæгты чиныджы. —<©80- 40 625
Токаты Ашæх йе статьяйы ныхас кæны ахс- джиаг хъуыддагыл. Мах æй мыхуыр кæнæм рав- зарыны уагыл. Стæй нæ уырны, нæ фысджытæ, æвзаджы куыстгæнджытæ, нæ журналисттæ, ахуыргæнджытæ, журналкæсджытæ сæ хьуы- дытæ кæй зæгъдзысты, бæстон кæй æрныхас кæндзысты нæ чингуыты, нæуагрмысты æвзагыл. Фыццаг ныхасы бар кæмæн ратдзыстæм? Фысджытæн æви æвзаджы куыст кæнджытæн? Токаты Ашæх ÆВЗАГ Æрæджы уыдтæн уазæгуаты иу ацæргæ ирон инженеры хæдзары. Нæ кæрæдзийæн «дæ бонтæ хорз» æмæ «æгас цу»-тæ куы загътам, уæд фысым мæн уаты иунæгæй фæуагъта æмæ хæдзармæ бауади. Æвæццæгæн, æфсинæн исты афæдзæхсынмæ. Æз инженеры кусæн уатыл мæ цæст ахастон. Фыццагдæр ауыдтон стъолы сæрмæ Ленины къам. Æддæдæр, чингуыты стыр скъаппы сæрмæ та Къоста æмæ Пушкины къамтæ. Фæлæ къултыл æрмæст æхсгæ хаст акодтон мæ цæст. Биноныгдæр бакастæн чингуыты скъапмæ. Уыди дзы бирæ чингуытæ. Скъаппæн æрмæст йæ бинаг тæрхæгыл зынди техникæйы æмæ ахуырадыл фыст чингуытæ. Иннæ тæрхæджытыл та литературæ уырыссаг, французаг, англисаг, гуырдзиаг, украинæйаг, индиаг, китайаг æмæ ма бирæ æндæр адæмты классикты чингуытæ. Уыди дзы ирон литературæйæ дæр Къостайы фондз томы, «Ирон фæндыр» хицæн чиныгæй, Гæдиаты Секъа æмæ Цомахъхъы чингуытæ, Барахъты Гинойы, Къубалты Алыксандры, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Малиты Георгийы чингуытæ, Санаты Уарийы повесттæ, Нигеры уацмысты фыццаг чиныг æмæ ма иукъорд чиныджы нырыккон ирон литературæйæ. Скъаппæн йæ сæрыл рагъамад уыдысты газеттæ æмæ журналтæ. Æз цалынмæ уыдæттæм кастæн, уæдмæ æрбаздæхти мæ фысым. 626
- Чингуытæм кæсыс? - сдзырдта мæм цæугæ-цæуын, стæй бандон стъолмæ бахæстæг кодта æмæ мæн дæр сбадын кодта, йæхæдæг дæр сбадти. - О, дæ чингуытæм дын кастæн. Хъæздыг у дæ чиныгдон, фæлæ цæуыл дис кæнын, утæппæт чингуыты æхсæн цæй чысыл ис нырыккон ирон литературæйы чингуытæ? Мæ фысым йæ мидбылты бахудти æмæ загъта: - Ис дзы цыдæртæ уыдонæй дæр. Стæй ирон фысджыты уацмыстæ чиныгæй рацæуыны агъоммæ вæййынц газетты, журналты, æмæ сæ уым бакæсын. Уæлæ кæсыс, скъаппы сæр амад сты «Рæстдзинад» æмæ «Мах дуг». - Раст зæгъыс, уацмыстæ раздæр рацæуынц газеты кæнæ журналы, фæлæ радзырд, æмдзæвгагтæ, кæнæ, зæгъæм, повесть раздæр журналы куы рацæуы, уæд æм чиныгкæсджытæ, критиктæ æркæсынц æмæ дзы хъуагдзинадæй, лæмæгъдзинадæй цы ссарынц, уыдон бацамонынц йæ ныффыссæгæн, æмæ сæ уый сраст кæны. Чингуыты уацмыстæ биноныгдæр куыст вæййынц. - Æмæ йе ’взаг мæгуыр, хæмпæл æмæ хæццæ кæмæн у, уыцы уацмыстæ та куыд сраст кæны? - Мæ фысымы цæсгом фæтызмæгдæр ацы фæстаг ныхасимæ. Куыд бамбæрстон, афтæмæй а мæ фысым, нæ литературæйы æвзаджы мæт чи кæны, йæ миниуджытæм ын тынг зæрдиагæй йæ цæст чи дары, йæ циныл цин чи кæны, йæ мæгуырдзинæдтæ æмæ хъуагдзинæдтæ йæ зæрдæмæ арф чи хæссы, тынг хъыг кæмæн сты, ахæм лæг кæй у, уый, æмæ мæ бафæндыди йемæ аныхас кæнын. Фæлæ мæ фысым ноджы тызмæгдæрæй загьта: - Стæй уæ критиктæй уацмысæн йе ’взаджы хатмæ та чи æркæсы? Ничи. Æз фæкæсын газет «Рæстдзинад»-ы критикон статьятæ дæр, «Мах дуджы» ахæм хабарæй цы вæййы, уыдон дæр, фæлæ дзы ирон æвзаджы миниуджытæй ницы фенын. «Мæнæ ацы чиныджы æвзагæй мæгуырдæр, къуымыхдæр æмæ хæмпæлдæр æвзагæй фыст никæцы чиныг уыдзæни», зæгъгæ, кæмæй фæзæгъын, уыцы чиныгыл дзургæйæ дæр ын йе ’взаджы кой не скæнынц. «Ахсджиаг темæйыл фыст у, йæ обрæзтæ ахæмтæ æмæ ахæмтæ сты, хорз чиныг у, фæлæ ма йæм 627
ахæмтæ æмæ ахæмты куы бафтыдтаид йæ ныффыссæг, уæд ноджы хуыздæр уыдаид», зæгъгæ, ахæм иумæйаг ныхæстæй ахицæн вæййы критикæ. Аив литературæйы бындур та у æвзаг. - Хæмпæл æмæ хæццæ æвзаг цы хоныс? - Фæстаг рæстæджыты не ’взаг афтæ схæмпæл, схæццæ, æмæ дзы цæвæг марæджы нал æвзары. Æз канд чингуыты æвзагæй нæ зæгъын, нæ газетты, радиойы æмæ нæ ныхасы æвзагыл цас тыхсын. Байхъус-ма, нæ радио цы æвзагæй дзуры, уымæ! Исты дзы бамбарæн ис? Уæдæ ма мæнæ æркæс нæ «Рæстдзинад»-ы æвзагмæ дæр. Ацы ныхæстимæ мæ фысым сæвнæлдта йе скъаппы сæрмæ, райста «Рæстдзинад»-ы куыристæ æмæ сæ иугай мæ цурмæ æппарын байдыдта. - Æркæс-ма сæм, æз сæ схъулæттæ кодтон. Æркастæн. Газеттæн се ’ппæт быдыртæ дæр уыдысты хæххытæ, кæм сырх, кæм цъæх кърандасæй. Мæ къухмæ фыццагдæр цы газет æрбайстон, уымæ кæсын. Мæнæ дзы иу ранмæ фæкомкоммæ дæн - «Шиллер Ирыстоны», зæгъгæ, ахæм темæйыл каст æрцыд лекци». Фыццаг дыууæ дзырды бын уыди иу хахх сырх кърандасæй. «Каст æрцыд», зæгъгæ, уыцы дзырдты бын та - дыууæ хаххы цъæх кърандасæй. - Цæмæн ныххæххытæ кодтай ацы дзырдты бын? - бафарстон мæ фысымы. - Цæмæн куы зæгъай, уæд уымæн, æмæ цы хæццæ æмæ хæмпæл æвзаджы кой кæнын, уымæн ма амæй æвдисæндардæр цы уыдзæн. Фыццаджыдæр, Шиллер Ирыстоны никуы уыди, уый сывæллæттæ дæр зонынц. Шиллеры фыст уацмыстæ ирон æвзагыл кæй рацыдысты, ам уыцы хабары кой ис, æмæ йæ фыссын дæр хъуыдис афтæ. Ахæм æмæ ахæм лæг бакасти (кæд ын - «радзырдта», зæгъæн нал ис, уæд) «Шиллеры фыстытæ ирон æвзагыл», зæгъгæ, ахæм лекци». Науæд «Каст æрцыди» та циу? Каст æмæ æрцыди-йæн ам иумæйагæй ницы ис? Ацы дзырдтæ иннæрдæм дæр рафæлдах, кæрæдзиуыл сæ хъен дæр сæвæр, уæддæр кæрæдзиуыл нæ бадынц, кæрæдзимæ афтæ «хæстæг» сты, æмæ-иу мæнæ хъал чызджытæ зулдзаст у сгу рæй ку ы д загътой,« йæ иу цæст Хъæриу мæ, иннæ та риу мæ», зæгъгæ, раст афтæ сты. Каст-æн ис йæхицæн апп, хъуыды. 628
Чидæр кæдæмдæр каст, чидæр чиныг каст, нæ лæппу институт каст фæци. Æрцыди-йæн дæр ис йæхицæн апп, хъуыды. Чидæр æрцыди, уазæг æрцыди, рæстæг æрцыди æмæ афтæ дарддæр. Ацы ныхасы та йын æппындæр бынат нæй. Кæнæ, зæгъæм, мæнæ, иннæрдыгæй цы дзырдты бын ныххæххытæ кодтон, уыдонæй. «Фæцис сихоры улæфты рæстæг»... Улæфгæ лæг кусгæйæ дæр кæны, æнæ улæфгæйæ кæсаг дæр нæ цæры. Кусджытæ та сихорыл уымæн æрбадынц, æмæ хæргæ дæр бакæной æмæ сæ фæллад дæр суадзой. Улæфын æмæ фæллад уадзынæй хъауджыдæр ис. Науæд æркæсæм уыцы рæнхъыты дæле:«Ауæдзы бынæй цы урс рыг кæлы, уый уддзæф скъæфы хуымзæххытыл». Ацы рæнхъы дзырдтæ кæрæдзиуыл калд сты æнæвзæрстæй æмæ сæ рауади арвистон. Фыццаджыдæр, ауæдзы бынæй рыг нæ кæлы, уымæн æмæ ауæдзы фæлдахгæ нæ фæкæнынц гутонæй. Ауæдз у, дыууæ хуымы кæрæдзийæ чи фæхицæ кæны, ахæм зæххы уаццаг. Ацы рæнхъытæ чи ныффыста, уыдон зæгъынмæ хъавыдысты гутоны хаххы бынæй рыг скæлы, зæгъгæ, фæлæ фæивддзаг кодтой гутоны хахх æмæ ауæдз. Уымæй уæлдай ма дзы ракалдтой урс рыг дæр. Зæххы рыг та вæййы рыджы хуызæн æмæ дзы урс ницæмæнуал хъæуы. Уæдæ æцæг «шедевр» та у уыцы хæццæ дзырдты рæнхъæн йæ кæрон. «Цы урс рыг кæлы, уый уддзæф скъæфы хуымзæххытыл. Ирон адæм хуымзæхх нæ дзурынц. Зæхх у зæххæн йæ иумæйаг ном. Вæййы йыл хуымгонд кæнæ æнæконд хуым. Хуымгæнд фæзæгъынц. Хуым, уыгæрдæн, сæрвæт фæдзурынц. Сæрвæтзæхх, уыгæрдæнзæхх дæр ничи фæзæгъы. Кæсыс, мæ уазæг, æрмæстацы иунæг газеты «репортаж» кæй схуыдтой йæ ныффысджытæ, уымæн йæ цалдæр рæнхъы цал æмæ цал рæдыды ссардтам. Уæдæ ма йын йæ иннæ фæрстæм дæр æркæс. Кæнæ йæ иннæ фæрстæ дæр мауал фæлдахæм, мæнæ дын ацы «репортажæн» йæ иннæ «шедевртæ» дæр. «Ай дæм артаг куынæуал ис». Циу артаг та? Артаг у суг, æвзалы æмæ ма, арт кæмæй фæкæнынц, ахæм, фæлæ машинæйы та ныккæнынц бензин, лиграин кæнæ фæтæген. Цæмæн æй фыссæм артаг, бензин зæгъæн ын куы ис, уæд. Кæд ын 629
уырыссаг æвзагæй æнæ комкоммæ раивгæ нæй, уæд æй судзаг цæуылнæ хонæм уæдæ? Горючее у судзаг. Зæгъын ма йæ, артаг суг дæр у, æвзалы дæр, хъæмп дæр! Æз ууыл дзурын, цæмæн æмтъеры кæнæм не ’взаг. Æркæс- ма ацы газеттæн се ’ппæтмæ дæр, цыма сыл æнæвзæрст дзырдтæ кæфойæ ракалдæуыди, ома чи уæ кæм абада, уым бадæд, зæгъгæ, раст афтæ сты. Æркастæн, мæ фысым кърандасæй дзæгъындзæг хъулон кæй скодта, уыцы уацмæ. Газетыл фыст уыди 1961 аз. 12-æм апрель. Уацы бын уыди дыууæ къухæвæрды - Цæрукъаты Таймураз æмæ Хъодзаты Æхсар. - Ацы уац ныффысджытæ сты лæппутæ, æрыгон поэттæ, - загьтон мæ фысымæн, ома лæппуйæн ахæм рæдыд ныббарæн дæр ис, æгæр карз тæрхон сын куыннæ кæна, уый тыххæй. - Поэттæ сты, зæгъыс? - Æрбакаст мæм мæ фысым. - Æмæ кæд уыдон ахæм æмтъеры æвзагæй фыссынц, уæд ма поэт чи нæ у, уыдон та цавæр æвзагæй хъуамæ фыссой?! Мæнæ æркæсæм 30-æм апрелы газетмæ дæр. «Райгуырди нудæсæм зын азы, Ирыстон Советон уыдзæн æви нæ, уыцы фарста лыг конд куы цыдис, уæд». Ацы ныхас дæр у, раст мæнæ «фæрæтæй амад у» кæмæй фæзæгъынц, ахæм. Фæлæ йæ æз уæддæр йæ фарстайы тыххæй бæхахх кодтон. Цæмæн ис дзырд фарста ам? Цы амоны? Дзырд йæхæдæг амоны чидæр кæйдæр хабæрттæй кæй фарста, уый. Ахуыргæнæг йæ ахуыргæнинаджы фарста. Ам та ныхас у хъуыддагыл. Кæд нæ газетты тæлмацгæнджытæ не ’взаджы сæрбихъырæйттæ кæнынц æмæ хъуыддаджы бæсты фыссынц фарста, уæд мах та цæмæн фæзмæм уыдон! Æмæ æнæуи ныхас кæнгæйæ дæр цæмæн дзурæм хъуыддаг алыг кодтам-ы бæсты фарста алыг кодтам? Мæ фысым куыдфæстæмæ мæсты кæнын дæр байдыдта. - Мæнæ ма, цытæ фыссынц ацы тæлмацгæнджытæ. - Лæг сæвнæлдта скъаппы сæрмæ æмæ райста «Мах дуджы» чингуытæй иу. Цалдæр сыфы рафæлдæхта æмæ мæм æвдисы: - Ай циу? - Æрбалæвæрдта мæм «Мах дуджы» 1961 азы мартъийы чиныг. - Æркæс-ма мæнæ уыцы рæнхъытæм. «... 630
Æгъуыз цæстытæ йын, фындз аныгъуылд йæ фыдцжын цæсгомы». «Фыдджын цæсгом!» Æгьуыз цæстытæ æмæ фыдджын цæсгæмттæ чи фыссы, уымæй, ирон æвзаг хорз зоны, зæгьгæ, куыд загъдæуа? - Журналы фæрстыл ацы уацмыс уыди кърандасæй хæххытæ. Æмæ дзы цынæ фендзæн чиныгкæсæг æвзаджы «шедевртæй!». Сылгоймаг станцæйы куыста «ситуаторæй». Ацæуæд æмæ бамбарæд чиныгкæсæг, ситуатор циу, уый! «Уый фæстæ пъæлицæйæгтæ ахастой хъуымац гауызтæ». Хъуымац хъуымац у, гауыз та гауыз у, кæд ма ирон æвзагæн дæр æмæ ахæм дзаумайæн дæр исты æмбарæм, уæд. Æмæ цынæ ис ноджы ацы фысты. «Æнцойзæрдæ»-тæ, «æнцойзонд»-тæ, «иу декабрь райсом»- тæ, «советон æфсæдтæ фæстæрдæм цæугæйæ»-тæ, «Хæлцады карточкæтæ». Уымæй дарддæр ма хæмпæлгæрдæгау байдзаг ис дзырд мидæг-æй. «Хæсты мидæг», «уыцы къорды мидæг» æмæ цы ныхасы не смидæг кодта ацы мидæджы, ахæм дзы нал баззад. Уыцы дзырд мидæг канд ацы фысты не схæмпæл кодта. Æнæуи куы фæныхас кæнæм, уæддæр хъус æмæ та мидæг: Джызæлы мидæг, Æрыдоны мидæг, графины мидæг, голладжы мидæг Графинæн йæ æддаг къултыл нæ вæййы, цы нозт дзы ныккæнынц, уый, уæдæ голлагæн дæр афтæ. Дзырдæн, номæн йæ фæстаг дамгъæ - суффиксы -ы куы уа, Джызæлы, Æрыдоны, царды, отряды хæсты æмæ афтæ дарддæр, уæд ма дзы мидæг цæмæн хъæуы! Не ’взаджы фæзынди дзæгъæл хæтаг дзырдтæ, кæм сын не ’мбæлы, кæм нæ бадынц, ахæм рæтты чи смидæг вæййы, ахæм мидæгтæ. Фарста, цæуы, æрцыди (сагъд æрцыди æртиссæдз бæласы, æртиссæдз бæласы ныссагътам-ы бæсты, æвзонг фæсивæд æрыгон фæсивæды бæсты. Æвзонг у уырыссагау та запоздалый. Æвзонгконд хуым (æрæджиау цы хуым бакæнынц æмæ байтауынц, ахæм), æвзонг зад (æрæджиау чи ныззайы, ахæм хъуджы род, кæнæ фысы уæрыкк). Æвзонгæй цы хъуыды кæнæ кар равдисынмæ хъавынц, уыцы æвзонджы хъузæттæ, уымæн ис бирæ æндæр æмæ хуыздæр дзырдтæ, уыцы хъуыдыимæ чи райгуыры, ахæмтæ: сывæллон саби, гыццыл лæппу, кæнæ чызг, фæсивæд æмæ ноджы æндæртæ. 631
Уæдæ æрцыди дæр æвдисы, цы хабар æрцыди, чи æрцыди, кæцæй æрцыди. Æрцыди, зæгъгæ, куы фехъусæм, уæд нæ цæстытыл ауайы цæуæг. Сагъд æрцыди куы фехъусæм, уæд та цы ауайдзæн нæ цæстытыл? Сагъд вæййы зæгæл, бæлас, кауы мих, цæджындз. Фæрæт дæр ныссадзынц къодахы ныхыл. Сагьд цы вæййы, уый цæугæ нæ кæны. Æз хъуыстон мæ фысыммæ, æмæ мын тынг æхсызгон нæ уыдысты йæ иуæй-иу ныхæстæ. Афтæ мæм фæкасти, цыма цард йемæ ногæй цы хæссы, уыдон йæ зæрдæмæ нæ цæуынц, цыма нын нæ фыдæлтæ цы æвзаджы хæзнатæ ныуагътой, æрмæст уыдоныл фу-фу кæны, ногæй цы цæуы не ’взагмæ, уыдонæн та - къах сæ роны, зæгъгæ, уыцы зондыл лæууы. - Бахатыр кæн, мæ фысым, фæлæ цард уæлдæрæй-уæлдæр цæуы, хуыздæр кæны æмæ бирæ цыдæртæ, бирæ цæмæйдæрты ивы. Ивы æвзаг дæр. Уыцы ног цыдæртæ семæ хæссынц ног дзырдтæ, хъæздыгдæр кæнынц не ’взаг. Уыцы ног дзырдтæ сты ног цард æвдисæг. Литературæ та у царды бындурыл арæзт. Раст уаид уыцы ног дзырдтæ нæ литературæмæ нæ уадзын? - Нæ уаид. Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ нын ног цард йемæ цы ногдзинæдтæ хæссы, цы ног хъуыдытæ, дзырдтæ æмæ нæмттæ хæссы, уыдоныл хъоды бакæнæм, сæ размæ сын нæ литературæйы дуар сæхгæнæм. Æвзаг хъуамæ хъæздыгдæр, рæсугъддæр æмæ тасагдæр кæна, фæлæ царды уылæнтæ, денджызы уылæнтау, æдзух канд янтары къæрттытæ нæ хæссынц. Денджызы уылæнтæ хæзнатимæ æрбахæссынц хæмпæлтæ дæр, хус къæцæлтæ дæр. Стæй зæгъæм, зæрдæйы уаг равдисынæн, уарзондзинад кæнæ æнкъарддзинад равдисынæн дæр трактортæ, бульдозертæ, комбайнтæ кæнæ ракетæтæ дзурын хъæуы? Стæй æз ныртæккæ ног дзырдтыл куынæ ныхас кæнын. Фарста кæнæ цæуы, кæнæ æрцыд, кæнæ мидæг ног дзырдтæ куынæ сты. Фæлæ сын сæ хатмæ гæсгæ кæм не ’мбæлы, уым сæ кæй тъыссут, уымæй кæны хæццæ æмæ хæмпæл не ’взаг. Æз мæнæ газеттæ дæ цуры æрæвæрдтон. Газеттæ æз бакæсын, мæ зæрдæмæ дзы цынæ цæуы, æвзаджы æгъдæуттыл фыст чи нæ вæййы, уыцы рæнхъытыл мæ бон цæуы æмæ сын сæ бын бахæххытæ кæнын. Фæлæ нæ радиомæ 632
никуы байхъуыстай? Уыдоныл мæ бон цæмæй цæуы, уый - хатиаг æвзагæй дзурын куы райдайынц, уæд æз мæ радио раппарын. Уыдон, рагон æмбисондау, «фат фехсынц æмæ æрдын бамбæхсынц». - Æмæ радиойы кусджытæн мах бон дæр ницы у. - О, гормæттæ, сымах ирон фысджытæ куы стут, не ’взаг сымах æвджид куы у, уæд уæ афтæ куыд ничи зæгъы, стæ-ма, æркæсæм, нæ фыдæлтæ нын цы æвзаджы хæзнатæ ныууагътой, уыдон райсынмæ куыд арæхсæм. - Æвзаджы куыст канд фысджытæ нæ кæнынц. Æвзагыл скъоладзауты ахуыр кæнынц ахуыргæнджытæ. - Уыдон дæр сымах фыст чингуытыл ахуыр кæнынц. - Нæ, мæ фысым, канд мах чингуытыл нæ. Æрæджы мæ кусæн уаты бадын иунæгæй. Чидæр æрбахоста дуар. Мидæмæ, зæгъгæ, йæм радзырдтон. Къæсæрыл æрбахызти иу æрыгон лæппу æмæ мæм æддæуæзæй дзуры - «Сымах Токаты Ашæх стут?» Æз мæ алы фарсмæ акастæн, уæдæ ма, зæгъын, ам кæд мæн йеддæмæ исчи ис. Стæй бафарстон лæппуйы, ам, зæгъын, мæн йеддæмæ куы ничи ис, уæд сымах кæмæ дзурыс? - Сымахмæ. - Омæ æз ам иунæгæй куы бадын. Иунæг адæймагмæ афтæ куынæ фæдзурынц иронау. Чи дæ сахуыр кодта афтæ дзурын? - Нæ ахуыргæнæг - дзуапп радта лæппу æмæ фефсæрмы. - Гъемæ дæ хъуыддаг раст. Æхсызгон дын уыди? - Раст дын куы зæгьон, уæд нæ уыди. - Уæхæдæг дæр æнæ азым не стут, нæ фысджытæ. Ацы хъуыддаджы уæ тæригъæдджынтæ иу æмæ дыууæ нæй. Нæ чингуыты æвзагыл уæ иутæ тынг зæрдиагæй нæ кусынц. Дзырдтæ гæххæттыл ныккалынц æнæ æвзæрстæй. Фыссæг йæ чиныгыл куы фæкусы, уæд йæ хъуыдытæ, йæ сæры уыцы хъуыдытимæ цы нывтæ æвзæры уыдон куыдфæндыйæ зæгьыныл хъуамæ банцайа?! Æвзагыл дæр дзы ахъуыды кæнын фæхъæуы. Цыфæнды стыр зонды хъуыдытæ æмæ фæндтæ дæр æвзæрст, сыгъдæг, хъæздыг æмæ рæсугъд æвзагæй фыст куы нæ уой, уæд чиныгкæсæджы сæрмæ нæ бахиздзысты, йæ зæрдæмæ дæр нæ фæцæудзысты. Хорз 633
хъуыдытæ зæгъынæн хорз дзырдтæ ссарын хъæуы. Не ’взаджы хæзнатæ уæлæнгай не сты, мæнæ уалдзыгон уыгæрдæны кæрдæджы сæрмæ алыхуызон рæсугъд дидинджытæ сæ сæртæ куыд сдарынц æмæ куыд зынынц, афтæ нæ зынынц хорз дзырдтæ æвзаджы хæмпæлæй, фæлæ сæ агурын хъæуы, сызгъæринтæ, алмазтæ æмæ жемчугтæ агурыны куыст чи кæны, уыдонау! Æз æрмæст фысджытæй нæ зæгъын, фæлæ газетты, радиойы кусджытæй, чысыл уацхъуыд дæр чи фыссы, се ’ппæтæй дæр. Фысджыты æвзаджы дæснытæ уымæн хонынц, æмæ дзырдтæй нывтæ кæнын зонынц. Ахорæнтæй нывгæнæгæн йæ зæрды цы ныв скæнын уа, уымæн ахорæнтæ равзарынмæ куынæ арæхса, уæд цæй ныв скæндзæн! Мæнмæ гæсгæ, фыссæджы хъуыддаг дæр афтæ у. Стыр фысджытæ стыр уымæн сты, æмæ æвзагæн дæр дæсны сты. Уыдон дыууæ - æртæ дзырдæй дæр саразынц, адæймаджы цæстытыл æххæстæй чи ауайы, ахæм нывтæ. «Халон баргъæвст сындзыл» - ацы рæнхъы æртæ дзырды йеддæмæ нæй, фæлæ сæ чи бакæса, уый цæстытыл ауайдзæн, халон сындзыл куыд баргъæвсти, уый. Фыссæгмæ æгъгъæд нæ фæкасти, цы ныв скæнын йæ зæрды уыди, уымæн ма йын цыдæр нæ фаг кодта, æмæ та райста æндæр ахорæн, æндæр дзырдтæ: «Уад тымыгъ хæссы». Ацы фæстаг æртæ дзырды фæстæ халоны ныв афтæ æххæстæй разынди, æмæ йæ суанг куырм лæг дæр фендзæн. Уыцы æхсæз дзырдæй ныв сæххæст. Цæмæн хъуыди уыцы ныв Къостайы? «Сау айнæджы рындзыл Нары хъæу хуыссы». Цы ис сау хæхты тымыгъ бон сындзыл бадæг халонæй мæгуырдæр! Ацы цыппар рæнхъы ис æрмæст æртыгай дзырдтæ. Дыууадæс дзырдæй Къоста сарæзта диссаджы тыхджын æмæ æххæст ныв. - Æмæ ныры фысджыты æхсæн нæй, хорз, сыгъдæг æвзаг кæмæн ис, ахæмтæ? - Ирон фысджыты æхсæн ныртæккæ дæр ис, сыгъдæг, хъæздыг, зыланггæнаг æмæ рæсугъд æвзаг кæмæн ис, ахæмтæ. Æз тынг æхсызгонæн фæкæсын Мамсыраты Дæбейы фыццаг радзырдтæ, Цырыхаты Михалы æмдзæвгæтæ æмæ очерктæ. 634
- Дæ хорхзæхæй, мæ уазæг, бакæс-ма мæнæ «Мах дуджы» дæсæм чиныджы Цырыхаты Михалы очерк «Æврæгъты æмбуар», зæгъгæ, уый. Цы ма уыдзæн уымæй сыгъдæгдæр æмæ рæсугъддæр æвзаг? Уыцы очерк у йæ райдианæй йæ кæронмæ сыгъдæг поэзи. Ис ма дзы иукъорд ахæмтæ. Фæсивæдæй дæр ис, йе ’взагæй зæрдæ кæмæн рухс кæны, ахæмтæ. Уæдæ хæмпæл æмæ æнæвзæрст æвзагæй фыст чи у, ахæм уацмыстæ дæр чысыл нæй ирон литературæйы. Уый дæр фæуæд, чи зоны, хæццæ æвзагæй чи фыссы, уыдон кæстæртæ сты, рæзгæ кæнынц, ахуыр кæнынц, базондзысты æвзаг, фæлæ хистæр фысджытæй дзырдтæ æвзарыныл чи нæ кусы, æрмæст æмтъеры æвзагæй чи фыссы, уыдонæн дæр ныббаринаг у? Тауын чи зоны, уый хъуамæ рувын дæр зона. Æз дын, мæ уазæг, рувыны тыххæй æрхæсдзынæн иу æмбисонд. Дыууæ лæгæн сæ нартхоры хуымтæ уыдысты фæрсæй-фæрстæм. Уалдзæджы сæ дыууæ дæр байтыдтой бæзджын, æмæ бæзджынæй ссыдысты. Уæд иу бон рувынмæ рацыдысты дыууæйæ дæр. Уæллаг хуымон стыр рувæнæй ралæууыди рувыныл, хæмпæлгæрдæг дæр рывта, нартхоры бæзджынтæ дæр стæнæг кодта. Дæллаг хуымон æм кæсы æмæ йыл дис кæны, ай мæ сыхаг æрра сси æви йæ нартхор цæмæн цæгъды. - Гъей, мæ сыхаг, уый бынтон куы ныццагътай дæ нартхор. Уæд ма йæ таугæ та цæмæн бакодтай? - дзуры йæм уæлæмæ. - Таугæ йæ бæзджын уымæн бакодтон, мыггаджы нæмгуытæ се ’ппæт куынæ æрзайой, уымæй тæрсгæйæ, ныр та йын йæ бæзджынтæ рувын. Ды дæр мæ куы бафæзмис, уæд хуыздæр уаид. - Нæ, мæ хур акæнай, æвгъау сты. Зайгæ æркæной, уый тыххæй сæ байтыдтон. Уадз æмæ сау хъæды хуызæн сфардæг уой. Ууыл сæ хуымтæ ныууагътой. Фæззæджы æрцыдысты нартхор тонынмæ. Уæллаг сахыджы нартхоры ставд зæнгтыл æрмæрины йас нартхæрттæ, дыгæйттæ, æртыгæйттæ хæцæнгæрзтау æрзæбултæ сты. 635
Дæллаг сыхаджы нартхор æцæг саухъæдау бæзджынæй æмæ лыстæгæй сфардæг, фæлæ сыл искуы иу дзенъо йеддæмæ нартхор нæ уыди. Кæсы лæг йæ нартхормæ æмæ æрдиаг кæны. Уæд æм уæллаг сыхаг дзуры: - Гъей, мæ сыхаг, дæ хуымы мæлæты бирæ салдæттæ нæй. Дæллаг сыхаг йæ сæр ныттылдта: - Гъей, мæ хорз сыхаг, мæ хуымы салдæттæ бирæ бæргæ ис, фæлæ сæм топпытæ нæй, топпытæ! Цæмæн дын радзырдтон ацы æмбисонд. Æмбарыс æй? — Ау, цы бамбарын æй хъæуы. — Уæдæ афтæ у, мæ хæлар. Тауын куы зонай, уæд æй рувын дæр зонын хъæуы. Не ’взаг та а фæстаг ссæдз, дæс æмæ ссæдз азы дæргъы тынг схæмпæл æмæ йæ рувæг нæй. Æз канд чингуыты æмæ газетты, журналты æвзагæй нæ зæгъын. Нæ дзыхæй дзургæ æвзаг дæр афтæ у. Иронау ис хорз афтæ: «Хорз уал байриайут». Фæлæ уыцы рæсугъд арфæ не ’взаджы «æгæр зонджытæ» æмæ «дæснытæ» аивтой æндæрæй, «хорзæй уал баззайут»-æй. Цæмæн? Ау, уый бæрц нал æмбарæм не ’взаг, нæ рæсугъддзинад æмæ аивдзинад! Цæмæн фыссæм «къаннæг къæс», «гыццыл хæдзары бæсты!», «Къы-къытæ» кæсын нын афтæ æхсызгон у? «Хæдæгъдау» æмæ «хæдæфсарм» фыссын, кæсын æмæ дзурын нын æхсызгондæр у «хæрзæгъдау» æмæ «æфсармджын», кæнæ «хæрзæфсарм» фыссын æмæ кæсынæй! Цард цæуы размæ æмæ йемæ хæссы ног дзырдтæ, ног нæмттæ, ног æгъдæуттæ, æмæ уыдонæй хъæздыгдæр хъуамæ кæна не ’взаг. Фæлæ не ’взаджы ногдзинæдтæ исгæйæ цæмæн хъуамæ ферох кæнæм, нæ фыдæлтæй нын цы æвзаджы хæзнатæ баззади, уыдон? Уыдон рохуаты куы ныууадзæм, уæд нын уый нæ ныббардзысты, нæдæр нын сæ цы хистæртæ радтой, уыдон, нæдæр нæхи фæлтæр, нæдæр, маххæмпæл æмæ æмтъеры æвзаг цы кæстæртæн ныууадзæм, уыдон. Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ цард йæхæдæг йæхи æгъдæуттæм гæсгæ цы дзырдтæ аппæрста, ныртæккæйы адæмæн зын æмбарæн чи ссис, уыдоныл фидар хæцæм, зæгъгæ. Фæлæ дзы 636
цы хорздзинæдтæ ис, цы хъæздыгдзинæдтæ, уыдон быронимæ ма змæнтæм, ма сæ хæццæ кæнæм. Ирон æвзаг хъæздыг у, тынг хъæздыг. Æрмæст æй зонын хъæуы. Адæймаджы хъæбатырдзинад, куыст, циндзинад, хъæлдзæгдзинад, уарзондзинад æмæ æнкъарддзинад равдисынмæ тынг тасаг æмæ бæркадджын у. Не ’взаг мæгуыр у, æрмæст ахуырады æмæ техникæйы чи хъæуы, ахæм дзырдтæй æмæ уыдон дæр исæм нæ дыккаг мадæлон æвзаг - уырыссаг æвзагæй, æмæ афтæмæй ноджы хъæздыгдæр кæны. «Не ’взаг мæгуыр у» чи зæгъы æмæ йæ лæмæгъдзинад уый æфсон чи кæны, уый йæхæдæг у мæгуыр, уый, мæнæ «цæндыл дур не ссардзæн», зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм у. Бахатыр кæн, мæ уазæг, хус ныхæстыл дæ æгæр бирæ дарын, фæлæ мæ зæрдæ цæуыл риссы, уыдон дын фæдзырдтон. Ды фысджытæй куынæ уаис, не ’взаг кæй æвджид у, уыдонæй куынæ уаис, уæд дын сæ нæ фæдзырдтаин. Фæлæ æркæс ды дæр, æрныхас кæн де ’мбæлттимæ не ’взаджы хъуыддæгтыл - фарстатыл нæ, фæлæ хъуыддæгтыл. Æз дис фæкæнын, ацал-ауал азы куыд ничи æркæсы ацы хъуыддæгтæм. Не ’взаджы сыгъдæгдзинады куыст куыд ничиуал кæны. Æви нæ нал хъæуы æмæ йæ рохуаты уымæн ныууагътам? Цы ми кæнынц, нæ наукон-иртасæг институты æвзаджы куыстыл чи бады, уыдон та? Æппын сæ хъæр куыд никуыцæй хъуысы. Æви ирон æвзагыл диссертацитæ фыссынц? Æмæ не ’взаг бынтон хæмпæлы бын куы фæуа, уæд ма кæй хъæуынц сæ диссертацитæ? Кæйдæр фиййау, дам, рындзыл сбадти æмæ, мæ фос куыд хуыздæр бахъахъхъæнон, зæгъгæ, цалынмæ хъуыдытæ кодта, уæдмæ йæ фосы дзуг хъæды бафардæг сты æмæ сæ бирæгъгæ ныццагътой... Цæй, ныхæстыл та дæ адардтон. Мæ фысым сыстади æмæ хæдзармæ «не ’фсин, не ’фсин», хъæргæнгæ бацыди. Æз джихæй кастæн йæ фæдыл, стæй хъуыдытыл фæдæн. Цымæ исты зылынæй загъта мæ фысым? Нæ. Раст у. Йæ зæрдæ рисгæйæ мын фæдзырдта ацы хабæрттæ. Сымахмæ та куыд кæсы, ме ’мбæлттæ, ирон фысджытæ æмæ чиныгкæсджытæ? 637
А. Аствацатуров НÆ БÆСТÆЙЫ АДÆМЫХÆТТЫТЫ РÆЗТ НОГДУДЖЫ СЦКП-йы Программæйы амынд цæуы, зæгъгæ, коммунизмæн материалон-техникон бындур аразыны рæстæг ноджы фылдæр кæны советон адæмты иудзинад, æхсады сæ хæлардзинад. Амондджын фидæн тагъддæр æрбахæстæг кæныны сæраппонд, уыдон кæрæдзийæн ноджы тынгдæр æххуыс кæнынц сæ экономикæ тыхджын кæныны, промышленность, хъæууон хæдзарад, культурæ рæзын кæныны хъуыддаджы. Алы советон республикæйæн дæр йæ экономикæ æмæ культурæ цас тагьддæр рæзой, уыйбæрц стырдæр уыдзæн йæ æххуысы хай бæстæйы иумæйаг хъæздыгдзинад фылдæр кæныны хъуыддагмæ, уыйбæрц фидардæр уыдзысты йæ хæдзарадон æмæ культурон бастдзинæдтæ иннæ республикæтимæ, уыйбæрц фылдæр рамбулдзысты нæ æппæт адæмтæ дæр. Иннæрдыгæй та, советон республикæтæн сæ экономикон æмæ культурон бастдзинæдтæ цас фидардæр æмæ тыхджындæр уой, уыйбæрц тагъддæр æмæ æнæкъуылымпыдæрæй рæздзысты сæхæдæг дæр. Сациалистон нацитæн сæ экономикон æмæ культурон рæзты ахъаззагдæр фæрæз уыдысты æмæ сты, Советон хицаудзинады азты дæргъы нæ бæстæйы хæдзарадон æмæ культурон арæзтады сæ къухы цы æрдхæрæны æнтыстдзинæдтæ бафтыдис, уыдон. Бирæ, тынг бирæ диссаджы æвдисæнтæ æрхæссæн ис, бæстæйы иумæйаг рæзты руаджы социалистон нацитæ размæ куыд тынг рацыдысты, уымæн. Зæгъæм дзы æрмæст иу- цалдæр. Талынг æмæ гæвзыкк цард кодтой паддзахы заман казахаг адæм. Уыдон сæ уæды цард барстой, хуыпп дæр кæм не ссардзынæ, ахæм цæугæдонимæ, дидинджытæ кæм нæ зайы, ахæм быдыримæ æмæ хуры цæст кæцæй нæ ферттивы, ахæм мигъæмбæрзт талынг арвимæ. Ныр Казахстан ссис, экономикон æгъдауæй тыхджын æмæ культурон æгъдауæй 638
тынг чи сырæзыд, ахæм республикæ. Советон Казахстан æндон дæтты Пакистанæй 23 хатты, æвзалы та 60 хатты фылдæр, афтæмæй Пакистан йæ адæмы нымæцмæ гæсгæ дæс хатты стырдæр у Казахы ССР-йæ. Советон Туркмени фарон продукци рауагъта 1913 азимæ абаргæйæ 22 хатты фылдæр. Партийы XX съездæй XXII съезды онг цы азтæ рацыд, æрмæстдæр уыцы рæстæгмæ Таджикистаны арæзт æрцыдис æмæ кусын байдыдта фондзыссæдз промышленнон куыстуатæй фылдæр. Авдазоны фыццаг дыууæ азмæ Гуырдзыстоны промышленнон продукцийыл бафтыд иу æхсæзæм хайы бæрц, пълан 12 проценты уæвгæйæ. Фарон Сомихы ССР цы продукци рауагъта, уый, 1913 азимæ абаргæйæ, у 70 хаттæй дæр фылдæр. Къаддæр диссаг не ’сты уыцы республикæты æнтыст- дзинæдтæ рухсады хъуыддаджы. Зæгъæм, Гуырдзыстоны ССР-йы алы мин адæймагæй дæр хистæр скъолаты ахуыр кæны 16, Сомихы ССР-йы - 12 адæймаджы. Уыцы рæстæг арæны фале - Турчы та алы мин адæймагæй дæр хистæр скъолаты ахуыр кæны рæстæмбис нымадæй 1,6. Ираны та - 0,7 адæймаджы. ССР Цæдисы адæмты къухы экономикæ, наукæ æмæ культурæ рæзын кæныны хъуыддаджы цы егъау æнтыстдзинæдтæ бафтыдис, уыдон сты Коммунистон партийы стыр организаторон æмæ политикон куысты руаджы, æппæт дзыллæты æмзонд æмæ æмвæнд фæллойы руаджы. Азæй-азмæ фидардæр кæнынц нæ бæстæйы адæмты баст- дзинæдтæ. Уыдон иумæ аразынц стыр промышленнон куы- стуæттæ, кæрæдзийæн амонынц сæ фæлтæрддзинад, кæрæ- дзимæ кусынмæ æрвитынц дæсны кадртæ æмæ афтæ дарддæр. Зæгъæм, Каховкæйы гидроэлектростанцæйы арæзтады куы- ста ССР Цæдисы 22 адæмыхатты, Каунасы ГЭС-ы арæзтады - 20 адæмыхаттæй фылдæр. Каунасы ГЭС аразгæйæ, сæхи стыр æхсарджынæй равдыстой уырыссаг Кожевников, украинаг Зеленко, литвайаг Литвинас, ирон Цхуырбайы-фырт æмæ бирæ æндæртæ. Куйбышевы æмæ Волгограды, Иркутскы æмæ Братскы гидроэлектростанцæтæ, Казахстаны Магниткæ, газопровод 639
Баку-Тбилиси-Ереван, Казахстаны æмæ Сыбыр ног фæлдæхт нæуу æмæ зæрæстон зæххытæ - уыдон иууылдæр сты советон адæмы стыр иудзинады бæлвырд æвдисæнтæ, æппæт нацитæ дæр коммунизм аразыныл куыд иузæрдионæй тох кæнынц, ууыл иттæг бæлвырдæй дзурæг. Уый фæдыл æмбал Н. С. Хрущев Целинный крайы хъæууон хæдзарады раз- загдæрты æмбырды йæ раныхасы дзырдта: «Æхсызгон куыд нæ уа зæрдæйæн, адæймаг нæ Райгуырæн бæстæйы нæузæххыты хуыздæр кусджыты æхсæн уырыссæгты æмæ украинæгты, казахты æмæ белорусæгты, латышты æмæ литвайæгты, узбекты æмæ эстойнæгты - нæ бирæнацион Райгуырæн бæстæйы æппæт адæмыххæтгыты дæр куы фены, уæд... Уый у ног хорз æвдисæн нæ адæмты æфсымæрон хæлардзинадæн». Уæлдæр куыд загътам, афтæ коммунизм парахатæй аразыны рæстæг экономикон æмæ культурон æгъдауæй тынг рæздзысты ССР Цæдисы æппæт нацитæ дæр, уыдонимæ ирон социалистон наци дæр. Ирон адæм нæ Райгуырæн бæстæйы иннæ æппæт адæмтимæ уæхски-уæхск цæуынц рухс фидæн аразыны бæллиццаг фæндагыл æмæ сæ къухы æфты хорз æнтыстдзинæдтæ. Авдазоны æртæ азмæ республикæйы промышленносты продукци фæци 30 проценты фылдæр, пълан 26,5 проценты уæвгæйæ. Фарон промышленность йæ афæдзы пълан сæххæст кодта 103 процентæй. Уый размæйы азимæ абаргæйæ, продукцийы рауагъд фæци 12 цроценты фылдæр. Ацы азы æхсæз мæймæ нæ промышленность продукци рауагъта фароны уыцы рæстæгæй 14 проценты фылдæр. Сæ къухы зынгæ æнтыстдзинæдтæ бафтыдис нæ хъæууон хæдзарады фæллойгæнджытæн. Колхозтæ æмæ совхозты ацы азы фыццаг æмбисмæ фосы нымæц фæци фарон уыцы рæстæгæй 12 проценты фылдæр, уыимæ хъуццыты нымæц - 12 проценты, хуыты нымæц - 7 проценты, фысвосы нымæц - 5 проценты фылдæр. Ацы аз æхсæз мæймæ республикæ паддзахадмæ дзидза ауæй кодта фарон уыцы рæстæгимæ абаргæйæ 19,9 проценты 640
фылдæр, æхсыр - 12,2 проценты æмæ æйчытæ - 37,5 проценты фылдæр. Партийы æмæ хицауады уынаффæмæ гæсгæ махмæ дæр хъæууон хæдзарады хъуыддæгты фæдыл республикон комитет арæзт кæй æрцыдис, стæй нæм хъæууонхæдзарадон продукттæ фылдæр кæныны æмæ цæттæ кæныны колхозон- совхозон территориалон дыууæ управленийы кæй фæзынди, уый ноджы тынгдæр ахъаз уыдзæнис хъæууон хæдзарад тыхджындæр кæнынæн. Ирон социалистон нацийæн йæ экономикæ тыхджынæй-тыхджындæр кæй кæны, уымæ гæсгæ фидардæр кæнынц йæ экономикон бастдзинæдтæ иннæ æфсымæрон республикæтæ æмæ облæсттимæ. Республикæйы промышленность цас фылдæр æмæ фæйнæхуызондæр продукци уадзы, уый бæрц æй фылдæр ис агурджытæ дæр. Иннæмæй та йæхи рæзгæ экономикæ дæр домы фылдæрæй-фылдæр промышленнон хомаг, æрмæг, æрдæг фабрикаттæ æмæ йæ уыдон ласын хъæуы бæстæйы алы районтæй. Цæгат Ирыстон нæ Цæдисы алы рæттæм æрвиты хуызджын металлургийы продукци, электрон кусæндзаумæттæ, электрон сахæттæ, газы плитатæ, агат дуртæ, хуыд дзаума, хæдзары дзаума, хойраджы промышленносты алыхуызон продукци. Зæгъæм, æндæраз совнархозы промышленнон куыстуæттæ алыхуызон продукци арвыстой бæстæйы 105 экономикон районмæ. Уыимæ уыцы хъуыддаг кæны азæй-аз парахатдæр. Фарон бæстæйы иннæ районтæм алы продукци æрвыст æрцыд æндæразæй 11 процентыфылдæр. Ацыазæрмæстзавод«Электроконтактор» продукци æрвиты æппæт цæдисон республикæтæм дæр, стæй УСФСР-йы 92 совнархозы куыстуæттæм. Нæ республикæйы промышленнон продукци цас хорз у æмæ йæ æндæр рæтты цас æхсызгонæй агурынц, уымæн æрхæссæн ис æвдисæнтæ. Орджоникидзейы завод «Электроконтактор»-ы продукцийæн хорз аргъ кæнынц завод «Кузбассэлектромотор»-ы, кæддæриддæр дзы разыйæ баззайынц Новосибирскы æндонкусæн станокты заводы кусджытæ дæр. Афтæ зæгъæн ис иннæ заводты продукцийæ дæр. 641 41
Цæгат Ирыстоны промышленнон продукци æхсызгонæй агурынц канд нæхи бæстæйы алы районты нæ, фæлæ иннæ бæстæты дæр. 1959 азы ахæм продукци æрвыст цыдис 14 фæсарæйнаг паддзахадмæ, 1961 азы та йæ бацагуырдтой 22 фæсарæйнаг паддзахады, уыдонимæ æппæт социалистон бæстæтæ, стæй Англис, Германы Федеративон Республикæ, Австри, Афганистан, Инди, Индонези, Непал, Йемен æмæ æндæр паддзахадтæ. Коммунизм парахатæй аразыны дуджы социалистон нацитæн тынг рæзы канд сæ экокомикæ нæ, фæлæ сæ культурæ дæр. Уый та уымæн, æмæ кæрæдзийæн хæлæг нæ кæнынц сæ æнтыстдзинæдтæ аивады, литературæйы æмæ афтæ дарддæр. Нæ бæстæйы социалистон экономикæ иу у, иу у нæ паддзахады политикон бындур, æмæ уымæ гæсгæ социалистон нацитæн сæ культурæйы мидис дæр иу у: йæ хуызмæ гæсгæ - национ, йæ апмæ гæсгæ та - социалистон. Социалистон нацитæ культурон æгъдауæй кæрæдзиуыл зынынц алы хуызты. Иу социалистон нацийы къухы наукæ æмæ техникæйы, аивады, литературæйы æмæ æндæр ахæм хъуыддæгты цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уыдон уайтагъддæр фæхæццæ вæййынц иннæ нацитæм дæр. Куыд, цы хуызы? Литературæ куы райсæм, уæд уым стыр бынат ахсынц тæлмацтæ. Алы адæмы хатт дæр йæхи æвзагмæ раивы, бæстæйы иннæ адæмты æвзæгтыл, æппæты фыццагдæр та, стыр уырыссаг адæмы æвзагыл хуыздæрæй, аивдæрæй цы уацмыс фæзыны, уый. Бирæ алыхуызон чингуытæ тæлмацгонд æрцыдис ирон æвзагмæ дæр. Зæгъæм, ныртæккæ нæ адæмæн фадат ис сæхи мадæлон æвзагыл уырыссаг литературæйы классиктæ Пушкин, Лермонтов, Некрасов, Толстой, Гоголь, Чеховы чингуытæ, æфсымæрон адæмты фысджытæ Шевченко, Руставели, Туманян æмæ бирæ æндæрты уацмыстæ кæсынæн. Тæлмацгонд литературæйы нæм стыр бынат ахсынц советон уырыссаг фысджыты уацмыстæ. Ирон æвзагмæ ивд æрцыдысты А. М. Горькийы зындгонд роман «Мад», Каверины чиныг «Дыууæ капитаны», Н. Островскийы роман «Куыд æхсыстис 642
æндон», Б. Полевойы повесть «Æцæг адæймаджы таурæгъ», Б. Горбатовы чиныг «Æнæбасæддонтæ» æмæ бирæ æндæртæ. Гъе, афтæ ирон литературæйы зынгæдæр уацмыстæ сæхи æвзагыл кæсынц уырыссаг адæм æмæ ССР Цæдисы иннæ адæмтæ дæр. Хетæгкаты Къостайы хъуыстгонд чиныг «Ирон фæндыр» тæлмацгонд æрцыдис уырыссаг, украинаг, сомихаг æмæ бирæ æндæр æвзæгтæм. Цытджын поэты хицæн уацмыстæ мыхуырæй рацыдысты китайаг, араббаг, болгайраг, польшæйаг, чехаг, даниаг, немыцаг æмæ исландайаг æвзæгтыл. Гуырдзиаг адæм сæхирдыгонау кæсынц Цæгæраты Максимы радзырдтæ, украинаг адæм Брытъиаты Созырыхъойы аргъæуттæ æмæ афтæ дарддæр. Мæскуыйы ирон литературæ æмæ аивады декадæ куы уыди, уыцы рæстæг уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй мыхуыры рацыдысты Мамсыраты Дæбейы, Гулуты Андрейы, Хъайтыхъты Георы, Токаты Ашæхы, Цæгæраты Максимы, Плиты Харитоны æмæ æндæр фысджыты чингуытæ. Социалистон нациты æнгомдзинады, кæрæдзи культурæ хуыздæр зоныны æмæ йæ афтæмæй размæ кæныны хъуыд- даджы стыр бынат ахсынц аивадон литературæйы къуыритæ, сфæлдыстадон коллективты гастрольтæ, чингуыты, нывты равдыстытæ, национ киностудиты фильмтæ кæрæдзийæн æрвитын æмæ афтæ дарддæр. Нæ дуджы ахсджиаг миниуæг уый у, æмæ нæм адæмыхæттытæ æз рæдаудæронæй цæуынц кæрæдзимæ æмæ хæлар зæрдæйæ, цæстуарзонæй æвди- сынц, сæ культурæйы, аивады хуыздæрæй цы ис, уый. Уыцы тырнындзинад махмæ кæны азæй-аз тыхджындæр. Зæгьæм, æрмæст фарон æмæ ацы азы фыццаг æмбис Цæгат Ирысто- ны уыдысты Днепропетровскы паддзахадон украинаг драмон театр, Волгæйы адæмон зарджыты къорд, Дагестаны, Марий- скы, Чувашы АССР-ты, Гуырдзыстоны æмæ Сомихы кафджы- ты æмæ зарджыты паддзахадон ансамбльтæ æмæ æндæр аива- дон коллективтæ. Кæрæдзимæ арæх цæуынц гастрольты Цæгат Ирыстоны æмæ Цæцæн-Мæхъæлы зарджыты æмæ кафджыты паддзахадон ансамбльтæ. Цыбыр рæстæгмæ Цæцæн-Мæхъæ- лы ансамбль нæ горæтты æмæ хъæуты равдыста 16 концер- 643
ты. Уыцы рæстæг мах ансамбль дæр концерттæ равдыста Грознайы, Малгобечы, Карабулачы æмæ Цæцæн-Мæхъæлы иннæ районты. Уый фæстæ Грознайы дæр æмæ Орджоникид- зейы дæр уыди хæлардзинады кæронбæттæн стыр концерттæ. Уыцы концерттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, чысыл æххуыс нæ фесты кæрæдзийы аивад ноджы бæрзонддæр къæпхæнмæ си- сынæн, кæрæдзийы ноджы хуыздæр базонынæн. Кæрæдзийы культурæйы хорзырдæм зынынæн æмæ афтæмæй иумæйаг социалистон культурæ рæзын кæнынæн хорз ахъаз у тæккæ дзыллондæр аивад - кинонывтæ иумæ аразын. Афтæ æмдых æмæ æмзондæй ист æрцыдысты «Фатимæ» æмæ «Ирыстоны хъæбул». Ныртæккæ Азербайджаны киностуди дæр исы, иумæйаг тыхтæй арæзт чи уыдзæн, ахæм фильм - «Фæллой æмæ розæтæ». Ныхас дзы цæуы дунейыл хъуыстгонд кафæг Махмуд Эсамбаевы тыххæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ фильмы сæйраг герой у цæцæйнаг, сценари ныффыссæг - мæхъæлон, кинонывы диретор та - ирон. Зынгæдæр архайджыты рольтæ дзы хъазынц Азербайджаны СССР-йы сгуыхт артисткæ М. Калантарлый, Гуырдзыстоны ССР-йы сгуыхт артисткæ Л. Абашидзе æмæ ССР Цæдисы Адæмон артист Тæбæхсæуты Валодя. Афтæ æхсидгæ цæуы алы адæмыхæттыты культурæйы кусджыты сфæлдыстадон æмхæлардзинад. Культурон бастдзинады уыцы алыхуызон формæтæ дзурæг сты ууыл, æмæ ССР Цæдисы адæмты национ кулыурæ ком- мунизмы къæсæрыл дидинæг æфтауы уалдзыгон дыргъдонау, рæзы азæй-азмæ. Национ культурæ цас тынгдæр рæза, уый- бæрц та тынгдæр æнхъæвзы хицæн республикæты æмæ адæмы- хæттыты арæнты сæрты, уыйбæрц æххæстдæрæй æвдисы æп- пæт адæмты фæллойгæнæг дзыллæты бæллицтæ æмæ æнкъа- рæнтæ, уыйбæрц хуыздæр хъары иннæ адæмыхæттыты зæрдæмæ дæр. Зындгонд советон лингвист Абайты Васо куыд зæгъы, афтæмæй литературон национ æвзаг йæ рæзты фæндагыл уæлахиз кæны хицæн æвзаджы хæттытыл, хъæздыгæй- хъæздыгдæр кæны уыцы æвзаджы хæттыты хардзæй, куыдфæстæмæ дзы йæхимæ æрбайсы тæккæ цардхъомдæр, 644
тæккæ прогрессивондæр, тæккæ тынгдæр чи хъæуы, уыцы миниуджытæ. Советон хицаудзинады азты дæргъы нæ бæстæйы цы социалон-экономикон стыр ивддзинæдтæ æрцыд, уыдоны фæрцы æппæт социалистон нациты æвзæгты дæр фæзынди бирæ ног дзырдтæ æмæ ныхæстæ. Зæгъæм, ирон æвзаг йæхимæ æрбайста ахæм дзырдтæ: марксизм, ленинизм, философи, теори, базис, парти, Совет, коммунист, индустриализаци, цех, колхоз, трактор, бригад, къамис æмæ бирæ æндæртæ. Къорд дзырды æмæ ныхасы афтæ аивтой, æмæ сæ хъуыды фендæрхуызон. Кæд раздæр ирон дзырд «ерыс» æвдыста дыууæ ныхмæлæууæджы æхсæн мидтох, уæд ныртæккæ та амоны социалистон ерыс. Ис, æвзаджы чи нал хъæуы, рох кæнын кæй байдыдтой, ахæм дзырдтæ дæр, архаизм кæй хонæм, уыдон. Ирон æвзаджы ахæм дзырдтыл банымайæн ис дзывыр, аргъуан, сауджын, буд, тудджын æмæ бирæ æндæртæ. Социалистон нациты æвзæгтæ рæзынц, уыцы нациты ахастдзинæдтæ куыд фидардæр кæнынц, сæ культурæ кæрæдзиуыл куыд тынгдæр зыны, афтæ. Чысыл адæмы хæттыты æвзæгтыл уæлдай тынгдæр зыны стыр уырыссаг адæмы æвзаг. Нæ бæстæйы социалистон нациты æвзаджы арæхæй-арæхдæр кæнынц, æппæт адæмы хæттытæн дæр æмбæрстгонд чи у, бирæ ахæм дзырдтæ. СЦКП-йы Программæйы куыд фыст ис, афтæ нациты æхсæн, уæлдайдæр та се ’взæгты æхсæн хъауджыдзинад къласты æхсæн хъауджындзинадæй бирæ сындæгдæр сæфы. Нациты æхсæн хъауджындзинад ма баззайдзæн тынг бирæ рæстæг, пролетариаты диктатурæ æгас дунейы куы фæуæлахиз уа, суанг уый фæстæ дæр, - амыдта В. И. Ленин (Уацмыстæ, 31,т.72ф.). ССР Цæдисы адæмыхæттытæ кæрæдзийы кæй фæрцы æмбарынц æмæ кæрæдзиимæ бастдзинад кæй руаджы дарынц, уый у уырыссаг æвзаг. Уырыссаг æвзаг нæ бæстæйы æппæт нацитæн дæр сси дыккаг мадæлон æвзаг. 1959 азы сфыстмæ гæсгæ уыдонæй дæс милуан адæймагæй фылдæр уырыссаг æвзаг банымадтой сæ дыккаг мадæлон æвзагыл. Æмæ афтæ 645
бакодтой, кæддæр фыссынад кæмæ нæ уыди, канд уыцы чысыл адæмыхæттыты минæвæрттæ нæ, фæлæ йæ истори æмæ культурæ рагон кæмæн у, уыцы стыр нациты минæвæрттæ дæр. Зæгъæм, украинæгтæй уырыссаг æвзаг сæхицæн дыккаг мадæлон æвзагыл банымадтой 12,3 проценты, белорус- сæгтæй - 15,8, сомихæгтæй - 10,1 æмæ ирæттæй 10 проценты. Цард бæлвырдæй равдыста, В. И. Ленин кæддæр куыд раст дзырдта, уый, зæгъгæ, Уæрæсейы адæмтæ иууылдæр уырыссаг æвзаг ахуыр кæндзысты бархийæ. Уырыссаг æвзаг алы адæмыхæттытæ сæхи æгъдауæй, бархийæ кæй ахуыр кæнынц, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг ахады нациты æхсæн æмгуыстдзинад æмæ хæлардзинад ноджы фидардæр кæнынæн. Коммунизмы материалон-техникон бындуры арæзтад кæны уымæ, æмæ нæм фылдæрæй-фылдæр адæм æнкъуысы иу ранæй иннæ ранмæ, нацитæ кæрæдзимæ кæнынц хæстæгдæр, кæрæдзи æмбарынц хуыздæр. Советон республикæтæй ны- ртæккæ, æвæццæгæн, иу дæр ахæм нæ разындзæн, бирæна- цион схонæн кæмæн нæй. Зæгъæм, æндæраз Украинæйы æр- мæст уырыссæгтæ цардис авд милуанæй фылдæр; Уæрæсейы Федерацийы украинæгтæ уыди 3350 мины, Казахстаны - 762 мины, Молдавийы - 421 мины, Узбекистаны цæрæг адæмæн уырыссæгтæ уыдысты сæ 13,5 проценты, тæтæйрæгтæ - 5,5 проценты, казахтæ - 4 æмæ таджикæгтæ сæ 4 проценты бæрц. Бирæнацион республикæ у Цæгат Ирыстоны АССР дæр. Ам ирæттæй уæлдай цæрын уырыссæгтæ - 39,6 проценты, сомихæгтæ - 2,7 проценты, украинæгтæ - 2,1, гуырдзиæгтæ - 1,8 проценты, иннæ адæмыхæттытæ та сты 6 проценты бæрц. Куыд зонæм, афтæмæй иу кæнæ иннæ адæмы нацийыл нымайынц, иу зæххыл куы цæрой, уæд. Советон нацитæ се ’ппæт дæр, уыдонимæ ирæттæ дæр ахсынц, раджы чи сбæрæг, ахæм зæхх æмæ уыцы зæхх у ССР Цæдисы зæххæй æнæфæхицæнгæнгæ. Фæлæ бæстæйæн йæхи мидæг уый коммунистон арæзтады пайдайæн куы вæййы, уæд цæдисон æмæ автономон республикæты арæнтæ хатгай ивд дæр æрцæуынц, стæй сæ нырæй фæстæмæ дæр ивдзысты, куы-иу 646
бахъæуа, уæд. Уыимæ, В. И. Ленин куыд амыдта, афтæмæй уыцы ивддзинæдтæ цæудзысты демократон уагыл. Советон республикæты арæнты тыххæй дзургæйæ, Н. С. Хрущев 1959 азы 7 мартъийы Германы кусджыты 9-æм конференцийы Лейпцигы загъта: «Нæ бæстæ социализммæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ хицæн национ республикæты арæнтæ дæр, зæгьæн ис, куыдфæстæмæ цыдысты сæфт...» Æмбал Хрущев куыд зæгъы, афтæмæй уый афтæ уымæн у, æмæ советон нацитæн сæ нысантæ æмæ хæстæ иу сты, алы адæмыхаттæн дæр нæм йæ царды материалон æмæ культурон домæнтæ æмхуызон æххæстгонд цæуынц. Уымæ гæсгæ уырыссагæн дæр, гуырдзиагæн дæр æмæ иронæн дæр ныртæккæ йæ республикæйы арæнтæ кæддæрау тыхсинаг æмæ мæтаг нал сты. Советон адæймаг цыфæнды адæмы хаттæй куы уа, уæддæр æндæр республикæйы адæмы æхсæн йæхимæ æцæгæлон нæ кæсы, уымæн æмæ нæ бæстæйы нацитæ иууылдæр цæрынц иу бинонтау Советон социалистон нациты иудзинады æмæ æнгомдзинады бæлвырд æвдисæнтæй иу у, царды æмвæнд æмæ æмзондæй кæй кусынц, амондджын æмæ бæллицаг æхсæнад саразыны цытджын хæстæ сæххæст кæныны сæраппонд сæ тыхтæ æвгъау кæй нæ кæнынц, уый. Се сфæлдыстадон стыр разæргард куысты ахъаззагдæр миниуджытæй иу у коммунистон фæллойыл тох. Уыцы тох кæны бонæй-бон парахатдæр СЦКП-йы XXII съезды райдианмæ коммунистон фæллойыл тохæнджыты нымæц схæццæ 20 милуан адæймагмæ. Партийы съезд байгом кæныны бонмæ коммунистон фæллойы коллективы кадджын ном райстой 800 куыстуаты æмæ 187 мин бригады. Уыцы патриотон змæлд тынг рапарахат æппæт советон республикæты, уыдонимæ Цæгат Ирыстоны дæр. Ивгъуыд азы кæронмæ нæ республикæйы куыстуæтты коммунистон фæллойы коллективы ном райстой 200 сменæйы, участочы, цехы æмæ бригады, хъазуатоны ном та - 4,5 мин кусæджы, инженеры æмæ техничы. Советон адæмы стыр ныфс, социалистон нациты иудзинад æмæ æнгомдзинад, коммунистон арæзтады хæстæ сæххæст 647
кæныныл сæ хъазуатон фæллой цины æфтауынц нæ æфсымæрон бæстæйы адæмты, масты хос сты не знæгтæн. Фæлæ фыдгул цыфæнды куы кæна, уæддæр нæ адæмты стыр иудзинад нæ фехæлдзæн. СЦКП-йы Программæйы амынд куыд цæуы, афтæ коммунизмы фæуæлахизы фæстæ социалистон нацитæ кæрæдзимæ æрбахæстæг уыдзысты ноджы тынгдæр, иумæйаг сын суыдзысты сæ экономикæ, сæ куыстадон хъарутæ, сæ продукци, æмхуызон тынг сырæздзысты адæм, иууылдæр суыдзысты, коммунистон дуджы куыддæриддæр æмбæлы, афтæ сыгъдæгзæрдæ, æгъдауджын, уæздан, фендджын æмæ ахуыргонд. Нæ бæстæйы адæмтæ та цас æмбаргæдæр æмæ фендджындæр уой, уый бæрц уыдзысты æнæбасæтгæдæр. 648
Малиты Васо, Дзасохты Музафер «КЪАХВÆНДÆГТÆ» Къахвæндæгтæ цæуынц алырдæмты, схизынц бæрзонд хохы рагъмæ, бацæуынц пыхсы, аныгъуылынц комы. Фæлæ уыдон се ’ппæт фæндæгтæ не свæййынц. Бæлццоны йæ дард нысанмæ чи нæ хона, уыцы гакъон-макъон къахвæндæгтæ уайтагъд айсæфынц хъамылгæрдæджы. Ацы хъуыдытæ адæймагмæ фæзынынц, æрыгон фысджыты радзырдты æмбырдгонд «Къахвæндæгтæ» куы бакæсы, уæд. Мах нæ бæрæг кæнæм, йæ фыццаг къахвæндæгтыл аивады стыр фæндагмæ чи бафтдзæн æмæ чи нæ бафтдзæн, уыдон. Рæстæг - тæрхонгæнæг, уый равдисдзæн ацы æрыгон авторты хъысмæт. Фæлæ царды цы федтой, цы бавзæрстой, уый адæмæн æргомзæрдæйæ радзурыны фæнд кæй скодтой, æрмæст уый дæр бæллиццаг хьуыддаг у. Æмбырдгонд райдайы Бицъоты Гришæйы радзырд «Кад фæлгъаугæйæ», зæгъгæ, уымæй. Æмæ нæм афтæ кæсы, цыма ацы радзырды геройтыл кæмдæр фембæлдыстæм, цыма сæ федтам. Уацмыс кæсгæйæ адæймаг сагъæстыл фæвæййы. Уый æрхæндæгдзинады хос нæу, фæлæ у, адæймаджы ноджы рæсугъддæр бæллицтыл чи бафтауы, ахæм æхсызгон æнкъарддзинад. Радзырды герой - Сафарбийы тæккæ сыгъдæгдæр æмæ бæрзонддæр æнкъарæн у йæ фыццаг уарзондзинад, фæлæ йын Косерхан ницы ком радта. Косерхан у фæлывд адæймаг. Кæд æрыгон у, уæддæр йæ къахдзæфтæ нымад сты. Автор хорз зоны студентты цард. Фæлæ уый æгъгъæд нæу, цæмæй аивадон уацмыс адæймаджы зæрдæмæ бахъара, уымæн. Уæдæ куыд арæхсы автор йæ геройты миддуне равдисынмæ? Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма радзырды уадиссагæй ницы ис, цыма хуымæтæджы сюжетыл фыст у, цыма хуымæтæджы царды драмæ у. Æмæ кæд афтæ у, уæд афтæ тынг цæмæн агайы чиныгкæсæджы зæрдæ? Æрыгон 649
фыссæг хорз зоны адæймаджы психологи. Фæлæ Гришæ сæрмагондæй нæ фæархайы йæ геройты зæрдæйы уаг раргом кæныныл, сæ удыхъæды миниуджытæ сын æрмæст ныхæстæй не ’вдисы, комкоммæ хатдзæгтæ нæ кæны. Авторы бон баци, йæ геройты алы фезмæлд дæр адæймаджы миддунейы лыстæгдæр авналæнтимæ сбæттын. Уацмысы æвзаг у хъæздыг, сыгъдæг. Хъыгаг у, Бицъойы-фырты дыккаг радзырд «Мурат фыдбылызæй куыд фервæзт», зæгъгæ, уый лæмæгъдæр фыст кæйу. Ацы радзырды дзырдæуы, тамако дымын адæймагæн цы стыр зиан хæссы, уый тыххæй. Æгæр хæмпæл у композицион æгъдауæй, ис дзы, архайды рæзтæн æххуыс чи нæу, ахæм сценæтæ. Автор, тамако цы зиан хæссы, уый сбаста æнæнхъæлæджы цауимæ (сарайы ссыгъд). Фæлæ ацы уацмысæй дæр бæрæг у, автор царды æцæгдзинад арф кæй æнкъары, стыр æргом кæй здахы сывæллæтты вазыгджын психологи раргом кæнынмæ, уый. Хъæууон фæсивæдæй иуæй-иутæ æхца æнхъæлцау тырнынц горæтмæ, промышленнон куыстуæттæ кæм ис, ахæм рæттæм. Йæ райгуырæн колхозыл йæ къух систа Æхсарбег. Лæвархор æмæ дзæгьæлдзу Гадзо фæрæдийын кодта æвзонг лæппуйы. Æхсарбег куыд æнхъæл уыд, ахæм тых нæ разынд йе ’хцатæм. Балхæнæн нæй уарзондзинадæн, раздахæн нæй ивгъуыд рæсугъд бонтæн. Æрæджиау æрфæсмон кодта Æхсарбег æмæ йын йæ зæрдæ риссын кæны уыцы рæдыд. Ацы хъуыддагыл дзуры Гаджиты Георгийы радзырд «Гæлæбу». Уацмысы ныхæй-ныхмæ æвæрд сты зæронд куырд æмæ, царды йæ фæндаг чи нæма ссардта, уыцы æрыгон лæппу. Адæймаг æхсызгондæр кæм хъæуы, уым ис йæ бынат- ахæм у радзырды хъуыды. Хорз фыст у Георгийы иннæ радзырд «Сывæдæг», зæгъгæ, уый дæр. Авторы бон баци хæрз цыбыр уацмысы æвзонг чызджы сусæг сæнттæ равдисын. 650
Радзырд «Æнæнхъæлæджы фембæлд», зæгъгæ, уым ис хорз обрæзтæ. Уацмыс фыст у, ныр дæр ма сылгоймагмæ цагъары цæстæй чи кæсы, ахæмты ныхмæ. «Фырт», зæгъгæ, афтæ схуыдта йæ радзырд Томайты Мисурхан: Райдайгæ автор царды вазыгджын фæзындты агуры адæймаджы уды рæсугъддзинад æмæ æууæнк. Фæлæ радзырд кæронмæ аивадон æгъдауæй æмхуызон хорз фыст нæу. Уацмысы райдайæны цы эмоционалон тых ис, уый кульминацийы фæстæ кæмдæр айсæфт. Иунæг фырт ис Къомианæн. Стыр фыдæбæттимæ фæхъомы л кодта йæ хъæбулы. Уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, уырдыгæй сыздæхт сæрæгасæй. Ныййарджыты цинæн кæрон нал уыд. Мæ хъæбулимæ цæрынæй бафсæддзынæн, зæгъгæ, хъуыдытæ кодта ус йæхинымæр. Фæлæ уыцы рухс фæндтæ, райсомы мигъау, апырх сты. Майрæм (афтæ хуынд лæппу) йæ мады сусæгæй Ростовы ус ракуырдта æмæ уырдæм тагъд кодта. Йæ зæронд мады уадзгæйæ, загъта: «Тыхсгæ ма кæн, алы мæй дæр дын фондз æмæ ссæдз туманы æрвитдзынæн». Уæдæй фæстæмæ мад æмæ фырт кæрæдзийы нал федтой. Зæронд ус мæлгæ-мæлын дæр йæ хъæбулы уындмæ бæллы, сыхæгтæ йæм телеграммæ арвыстой, фæлæ Майрæм уæддæр нæ фæзынд, Сочимæ путевкæтæ райстам æмæ не’хца дзæгъæл сæфт фæуыдзысты, зæгъгæ, уый æфсонæй. Афтæ у цыбырæй Мæхæмæтты Ахуырбеджы радзырд «Мады зæрдæйы» мидис. Уацмыс йæ асмæ гæсгæ хæрзчысыл у, фæлæ авторы бон бацис мады зæрдæ равдисын. Радзырд чи бакæса, уый хъуыдытыл фæуыдзæн, стыр фыдæхдзинад æм сæвзæрын кæндзæн, йæ мады фæллæйттæ бафидыныл хъуыды дæр чи нæ акодта, уыцы Майрæммæ. Ноджы тынгдæр аргъ кæнын райдайдзæн, йæ цотыл къæм абадын чи нæ бауадздзæн æмæ сын цыфæнды карз æфхæрд дæр чи ныббардзæн, уыцы ныййарæгæн. «Фаризæг сулæфыди», афтæ хуыйны, Ахуырбегæн чиныджы цы æртæ радзырды ис уыдонæй дыккаг. Ацы ран æрыгон фыссæг йæ размæ сæвæрдта, кæддæр иумæ чи ахуыр кодта, иумæ чи схъомыл, уыцы дыууæ лæппуйы - Батыр æмæ Хъасполы миддуне раргом кæныны хæс. Хъаспол дæс 651
къласы каст куы фæци, уæд бацыд æфсæддон скъоламæ, Батыр та - хъæууонхæдзарадон институтмæ. Аивгъуыдтой азтæ. Хъаспол службæйæ сфæлмæцыд æмæ мæнг гæххæттыты руаджы рацыд æфсадæй. Батыр каст фæци институт æмæ æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Ам та дыууæ æрдхорды ногæй фембæлдысты. Куыд сбæрæг, афтæмæй дыууæйæ дæр бауарзтой се скъолайы ахуыргæнæг Фаризæты. Хъаспол архайы Фаризæт æмæ Батыры фезнаг кæныныл, æмæ афтæмæй чызджы йæхи бакæныныл. Хъаспол раджы кæддæр фехъуыста, Фаризæт, нуазгæ чи кæны, уыдоны ныхмæ куыд дзырдта, уый. («Æз искуы куы базонон, мæ уарзон расыггæнаг у, уый, уæд мæ йæ цæстыкæронæй дæр нал фендзæни»...) Æмæ сфæнд кодта уымæй фæпайда кæнын. Батырæн бæгæныйыл арахъ ныккодта æмæ лæппу срасыг. Хъаспол æй уыцы расыгæй акодта Фаризæты цурмæ æмæ йæ уым зæххыл хуысгæйæ ныуууагьта, йæхæдæг алыгъд. Чызг Батыры куы федта, уæд дисы бацыд, арахъ куы никуы фæнуазы, уæд ыл цы ’рцыд. Фаризæт йæ цуры æрбадт, лæппуйы дзыппæй цы сахат рахауд, уый систа æмæ йæ хъусыл авæрдта, йе ’ннæ къух та Батыры риуыл сæвæрдта. «Зæрдæйы цæф æмæ сахаты цъыкк-цъыкк сиу сты. Фаризæт æхсызгон улæфт скодта». Ууыл фæвæййы радзырд. Махмæ афтæ кæсы, æмæ ацы уацмыс кæронмæ куыстгонд нæу. Æппæты фыццаг йæ сæргонд. «Фаризæт сулæфыд». Цымæ уыцы дзырдтæ радзырды сæйраг хъуыды æвдисынц?! Не ’вдисынц. Афтæ фенхъæлæн ис, зæгъгæ, цыма Фаризæтæн йе ’ккойæ исты стыр уаргъ ахаудта æмæ уый фæстæ æхсызгон улæфт скодта. Афтæмæй та йæ уарзон лæппуйы расыгæй федта. Стæй цæмæн хъуыдис сахаты цъыкк-цъыкк æмæ расыг Батыры зæрдæйы цæф сиу кæнын?! Радзырд тыхджындæр кæнынæн исты æххуыс куы уаид, уæд бæргæ, фæлæ йæ иумæйаг хъуыдыимæ бæтгæ дæр нæ кæны. Хъуылаты Чермены радзырдтæ «Гуыцыри фæсыкк» æмæ «Гамхуды бын» хурмæ калынц, нæ царды ма цы иуæй-иу мæлинаг æгъдæуттæ ис, уыдон. Гуыцыри у зæвæттæстæрæг. Цавæрфæнды чъизи хъуыддагыл дæр сразы уыдзæн, цæмæй 652
йæхицæн размæ фæндаг айгæрда, уый тыххæй. Æмæ архайы йæхи хицæуттимæ сбæттыныл. Уæлдайдæр та - Бексолтан Темирболатовичимæ. Уымæн æмæ, уый бон у Гуыцырийы хорз куысты сæвæрын. Гуыцырийы хъуыддаг фæсыкк. Йæ æцæг зæрдæйы уаг раргом æнæнхъæлæджы. Чермен арæхсы сатирæйы æххуысæй адæймаджы сахъатдзинæдтыл худынмæ. Лæмæгъ рауади Хуыгаты Сергейы радзырд «Буфет æлхæнынмæ». Ам ныхас цæуы арахъы ныхмæ. Автор йæ уацмысæн райста цавæрдæр анекдоты сюжет æмæ зæрдæмæ нæ хъары. Бæтæг кæмдæр фæрасыг, æмæ йæ сæхимæ æрбаластой машинæйы. Йæ мад фенхъæлдта, Бæтæг буфет балхæдта æмæ лæппутæй иумæ дзуры: - Уæ нывонд фæуон, уыциу хастæй йæ уатмæ ахæссут, кæннод сарайы куы аззайа, уæд ыл хуытæ сæхи фæхафдзысты... Уый автормæ гæсгæ у радзырды тыхджындæр бынат, фæлæ уым диссагæй ницы ис. Зæрдæмæ нæ хъары Шотаты Юрийы радзырд «Усбирæгъ» дæр. Автор, йе ’фсинæн æвзæр чи у, уыцы сылгоймаджы обрæз равдисыны бæсты, лирикон геройы æфсинимæ фембæлын кодта уæлмæрдты. Сасинкъа (афтæ хуынди æфсин) хъарæг кæны йæ чызджы ингæны уæлхъус, дзуры, йæ чындз ын цы фыдыбæттæ æвзарын кæны, уыдон. - Уый адæймаджы рухс ном хæссыны аккаг нæу, усбирæгъ КУЫ У> усбирæгъ!». Ацы ныхæсты йеддæмæ чиныгкæсæг ницы базоны Сасинкъайы цардæй. Зæрдæмæдзæугæдæр сты Юрийы радзырдтæ «Зонгæтæ» æмæ «Цæуыл æрæнкъард Аслæнбег». Хорз къахдзæф акодтой нæ æрыгон прозаиктæ сæ иумæйаг чиныг «Къахвæндæгты». Алчидæр сæ фыссы, хуыздæр цы зоны æмæ йæ царды кæй бавзæрста, ахæм цаутыл, хорз пайда кæнынц аивадон мадзæлттæй æмæ уацмыстæн сæ фылдæр сты зæрдæмæдзæугæ. Æхсызгон хъуыддаг у, нæ фæсивæд прозæмæ се ’ргом фылдæр здахын кæй райдыдтой, уый. 653
СÆРГÆНДТÆ да© §к* РАЗНЫХАС 1960 Хæблиаты Сафарбег ÆФСЫМÆРОН ПОЛЬШÆЙЫ Баситы Михал БÆЛЛИЦЦАГ ФИДÆН 23 Мæрзойты Сергей ИРЫСТОНЫ УАРЗОН ФЫССÆГ 30 Тахьазты Харум ЗЫНДГОНД АХУЫРГОНД АБАЙТЫ ВАСО 40 Муратандов К. АРТИСТТОТРАТЫБЕСÆ 46 Хьулаты С. СЕРГЕЙ МИРОНОВИЧ КИРОВ ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ 53 Тедтойты Аслæмбег АДÆМЫ АМОНДЫЛ ТОХГÆНÆГ 60 Ардасенты Хадзыбатыр ИРОН СОВЕТОН ЛИТЕРАТУРÆ ЙÆ РÆЗТЫ ФÆНДАГЫЛ 65 Дзугаты Б. НЫФСДЖЫНКЪАХДЗÆФ 81 Цæрукьаты Валодя, Мæхæмæтты Ахуырбег АМОНДЫСТЪАЛЫ 95 Ефимцов Т. КОЛХОЗОН ИНЖЕНЕР 104 654
Греков Александр ПАРТИЗАН БОТЪОТЫ АМЫРХАН 115 Дзаттиаты Тотырбег РЕВОЛЮЦИЙЫ ЦÆРГÆС 128 Баситы Михал ЦАРДЫ ГУЫЛФÆНТЫ 143 Бырнацты Андрей АМОНДЫ ЦЫРÆГЪТÆ 161 Саламты Алихан ÆХСИДГÆЦАРД 174 ИРОН АДÆМЫ КУЛЬТУРÆЙЫ СТЫР БÆРÆГБОН 184 Бæдоаты Хъазыбег КУЫРТТАТЫ КОМЫ 195 ЖданкинД. ДАГЪИСТАЙНАГ ГÆРЗАРМ АДÆМ 202 ДзанайтыАким В. И. ЛЕНИН ÆМÆ КАВКАЗЫ РЕВОЛЮЦИОН ЗМÆЛДЫ ИУÆЙ-ИУ ФАРСТАТÆ 207 Полуян А. КУСГÆ ЧИ НÆ КÆНЫ, УЫМÆН ЙÆ ЦАРД РÆСУГЪД НИКУЫУЫДЗÆН 223 Цогойты А. УÆРÆСЕЙЫ СОЦИАЛОН-ЭКОНОМИКОН РÆЗТЫ ХИЦÆНДЗИНÆДТÆ ФÆСРЕФОРМÆЙЫ РÆСТÆГ 232 Агънаты Æхсар ИРОН ÆВЗАДЖЫ ХАЙЫГТЫ МИДИС ÆМÆ МИНИУДЖЫТÆ ...247 655
1961 Хæблиаты Сафар «СЫГЪЗÆРИН ПРАГÆ» 260 Гуыриаты Тамерлан ЛИТЕРАТУРОН НЫХАСЫ ТЫХХÆЙ 273 Мæхæмæтты Ахуырбег ЗАРÆГ ЦАРДÆЙ ГУЫРЫ 282 ТуатыДауит ХÆЛАРДЗИНАД 287 Цырыхаты Михал ХÆХХОНЧЫЗГ 292 Хъазбегты Хъазбег ÆНÆМÆЛГÆ НАМЫС 301 Роман Фатуев ФЫЦЦАГРОЛЬ 315 Черчесты Георги ФÆЛЛОЙЫ ХЪÆБУЛ 328 Тотойты М., Цуциты Б., Цæллаты X. ИРОН АДÆМЫ ЦАРДЫ ФИЛОСОФИ ÆМÆ СОЦИАЛОН-ЭКОНОМИКОН ЗОНДАХАСТ КУЫД РÆЗЫД, УЫЙТЫХХÆЙ 341 Бесолты Андрей НÆ РЕСПУБЛИКÆЙЫ СТОЛИЦÆ СУЫДЗÆН ГОРÆТ-ПАРК 357 Таранин В. Г. ИРОН АДÆМЫ ÆХСÆН АХУЫРАДЫ УАВÆР XVIIIÆНУСЫ ДЫККАГÆМБИСÆЙ 1917 АЗМÆ 368 656
БлитыМарк ИРЫ МИНÆВÆРТТÆ БЕТЪЫРБУХЫ 378 Дзадтиаты Тотырбег ЗМИСДЖЫНБЫДЫРТЫ 396 Бадоаты Хъазбег БАЗОНГÆ УТ: БÆДТИАТЫ БАРИС 409 Дзесты Куыдзæг ÆППЫНÆДЗУХДÆР РАЗЗÆГТИМÆ 422 Тотойты Михал С. М. КИРОВЫ ЖУРНАЖСТОН КУЫСТ ГАЗЕТ «ТЕРЧЫ» 435 Сакъиты Муради БЫНДУРОН КУЫСТАДОН ФОНДТÆ ÆМÆ гаЮДУКЦИЙЬШ ХÆРДЗТÆ КЪАДДÆР КÆНЫН 451 Бырнацты Андрей ÆНÆНЦОЙКУСÆГ 461 1962 Мусса Хаким ТУГЪАНТЫ МАХАРБЕГ 470 Хъазбегты Хъазбег АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД ÆМÆ АИВ ЛИТЕРАТУРÆ 480 Ардасенты X. НОГ ЧИНЫГ ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪЫ ТЫХХÆЙ 499 Мæхамæтты Ахуырбег ÆВЗЫГЪД ФÆСИВÆД 509
Цырыхаты Михал ЦÆУДЗЫСТÆМТАДАРДМÆ 516 РАГОН ИРОН АДÆМЫ ФИЛОСОФОН ÆМÆ ÆХСÆНАДОН ЗОНДАХАСТ 529 Ларина В. ГОРÆТ ОРДЖОНИКИДЗЕ 548 Агапов Ф. ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА ФИЗИКОН ХЪОМЫЛАДЫ ТЫХХÆЙ 559 Цоциты Резо АРСЕНХУССАРЫ 566 Мæхæмæтты А. ХУЫЗДÆРÆЙ-ХУЫЗДÆР КÆНЫ ИРОН ЗÆХКУСДЖЫТЫ ЦАРД 583 Гостити Хъ. ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФÆСКОМЦÆДИСОН ÆМÆ ФÆСИВÆДОН ОРГАНИЗАЦИТЫ ИСТОРИЙÆ 591 Гуыриаты Тамерлан ИУ ИСТОРИОН ФÆЗЫНД ИРОН ÆВЗАДЖЫ 606 Дзадтиаты Тотырбег ХОРЗ ХЪУЫДДÆГТЫ ЧИНЫГÆЙ 611 Токаты Ашæх ÆВЗАГ 626 А. Аствацатуров НÆ БÆСТÆЙЫ АДÆМЫХÆТТЫТЫ РÆЗТ НОГ ДУДЖЫ 638 Малиты Васо, Дзасохты Музафер «КЪАХВÆНДÆГТÆ» 649 658
ИСТОРИЯ ЖУРНАЛИСТИКИ ОСЕТИИ Выпуск III Частъ 2 Редактор Р.Р. Шанаева Компьютерная верстка С.Л. Булацева Подписано в печать 05.09.2019. Формат бумаги 60x84 71б. Бум. офс. Печать на ризографе. Гарнитура шрифта «Т^тез». Усл. п.л. 41,2. Уч.-изд.л. 38,2. Тираж 300 экз. Заказ №30. Издательско-полиграфический центр Северо-Осетинского государственного университета имени Коста Левановича Хетагурова 362025, г. Владикавказ, ул. Ватутина, 46