Text
                    Зæххыл
рæстагон
хæст цыди
Фыццаг
том
Рауагъдад „Ирыстон"
Цхинвал 1968


„Ирон адæмы фырттæ гатлерон тыхæйисджыты ныхмæ тохы равдыстой сехсар æмæ лæгдзинады цæвиттонтæ" СЦКП ЦК æмæ Советон Сæрдарадьс арфæйæ. Чиныгаразæг—гвардийы отставкæйы майор ПУХАТЫ И. Г.
ИРОН ЛÆДЖЫ ÆХСАР ÆМÆ ЛÆГДЗИНАД Дзырд «Ирон» цытимæ дзурынц Фыдыбæстæйон хæсты æппæт фронг- ты дæр. Уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намыс- джын хæстонтæй. Петр Павленко. Уартæ, незаманæй фæстæмæ тар æнусты сæрты абонмæ ирон адæм рахастой сæ фыдæлты æхса^ æмæ Ло?гдзинад. Æхсар æмæ лæгдзинад ирон лæджы уæнгты ахъардтой йæ мады æх- сыримæ æмæ тсты йæ удыхъæды сæйрагдæр миниуджытæй. Ирон лæг, фæстийæ никуы фæлæууыд хъазуат фæдисъи уæлдайдæр та иу дзырд к’уы уыдис фыды уæзæг æмæ йæ адæ- мы сæрибардзинады сæрыл. Кæд-иу искуы иу ахæм тæппуд фæзындис, уæд-иу ыл адæм скодтой худинаджы зарджытæ. Цард-цæрæнбонтæм-иу йæ ном фидиссагæн баззад: «Фæдисмæ нæ рацыд», «Дæ усы кæрдæн ныккæн», зæгъгæ, цы уыдис уы- мæй карздæр æфхæрд ирон лæгæн. Æнæхъуаджы не скодтой ирон адæм сæ хуыздæр цыты зарджытæ сæ сæрхъызой бæгъатыр хъæбултыл. Æмæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ, цæсты гагуыйау9 арæхстгай ралæвæрд- той нæ абоны фæлтæрмæ. Хæццу тыхгæнæг знæгты раз сæ сæртæ никуы æркъул код- той, тохы быдыры æвзæрстой худинаджы бæсты кады мæлæт. Арвыл иугай дызгъуыдтæ мигъты гæппæлтау у ирон адæмы фы- дæлты хъазуат истори. Абоны бонмæ ма дзы цы æнæбары зо- нæнтæ æрæфтыду уыдон дзурæг сты нæ фыдæлты æхсар æмæ лæгдзинадыл, уыцы зонæнтæй нæм æнусты сæрты хъуысы сæ болат кæрдты æхситт, цирхъ æмæ уарты дзæхст-дзæхст. Рæстæг уыд карз æмæ æгъатыр. Ирон адæм бахаудтой ис- торийы æвирхъау здухæнты. Уыд тых æмæ æхсары дуг. Дæ сæ- рибардзинад бахъахъхъæнын дæ бон нæ баци, нæ рацыдтæ хъазуат фæдисмæ, уæд дæ йæ къæхты бын ассæста æгъатыо тыхгæнæг æмæ йæм æнусмæ сдæ æгады цагъайраг. Тыхгæнджы- тæн та нымæц дæр нæ уыди. Гъе, уый тыххæй ирон лæг йæ хæ- Чæ*г&рзтæ никуы раласта, йæ фæринк кард фæцъортт æввонг, кæддæриддæр йæ кæрддзæмы тæлфыди. 3
Афтæмæй ныры ирон адæмы кæддæры тыхджын æмæ стыр мыггаг æвирхъау хъазуаты æнусты тæрттыл сæ тохы фæдтæ уадзгæ æнусæй-æнуьмæ куцнæгæй-куынæгмæ цыдæмæ, чизоны, цæуыл ахицæн уыдаид йæ хъцсмæт, стыр Октябры социалис- тон революци йæ куы нæ бахызтуид йæ сæфты адзалæй, уæд. Кæддæры тыхджын æмæ сæрибаруарз адæц сæхицæй фылдæр æмæ тыхджындæрты ныхмæ хъазуат хæстыты скуы- нæг сты. Цы армыдзаг ма дзы баззад, уыдон сæхи айстой хæх- ты цъассытæм, цæмæй бынтон быныскъуыд ,ма фæуыдаиккой æмæ бахъахъхъæдтаиккой сæ фыдæлты æвзаг, сæ ном, се ’хсар æмæ сæ удыхъæды хуыздæр миниуджытæ. Фæлæ хæхты цъассыты армыдзаг ирон адæмыл æхгæд æрцыдысты айнæгдуæрттæ, æмæ сæ сæ кæддæры цæрæн бынæт- тæм нал ауагътой, афтæмæй скъуыдысты æвирхъау дуджы уæззау уавæрты. Фæлæ нæ амард ирон лæджы зæрдæйы йæ фыдæлты æх- сар æмæ лæгдзинад, нæ бамынæг сæ дарддæры сæрибармæ- тырнæг ныфсы цырагъ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ йæ лæвæрдта. Цыд рæстæг æмæ æрбалæууыд дыууынæм æнусы æвддæсæм царддæттæг уалдзæг. Стыр Октябры цæхæртæ ныррухс кодтой Ирыстоны талынг кæмтты. Айхъуысти сæрибармæ сидæг тохы зарæг. Ирон лæджы æхсар æмæ лæгдзинад асастой æфсæйнаг хъадаманты, ныппырх кодтой æлдарады дуджы’, байстой се знæгтæй сæ цардамонды æнусон хуры, балхæдтой сæ сæрибар- хдзинад сæ хъæбулты туг æмæ цæрæнбонтæй. Стыр Октябры фæрцы ирон адæм ссардтой се ’цæг райгуы- рæн бæстæ, ссардтой сæ амонды, сæ рухс фидæны æмæ Ком- мунистон парти æмæ Советон хицауады руаджы аразын рай- дыдтой æфсымæрон адæмтимæ сæ бæллиццаджы царды. Фæлæ уыцы сабыр, амондджын цард бирæ рæстæг нæ ахас- та, афтæ та арвыл сац мигътæ фæзынд æмæ адæмты сæрибар- дзинад æрывæрдæуыд’ тæрæзтыл. Ногæй та айхъуыст Иры кæмтты æмæ даргъ уæрæх быдыр- ты хъазуатмæ сидæг фæдисы хъæр, æмæ та ныр дæр ирон адæ- мы разагъта хъæбултæ фæцыдысты æхсар æмæ лæгдзинады хъазуатмæ. Карз æмæ æвирхъау уыдис Фыдыбæстæйы хæст. Адæйма- гады историйы цыфыддæр знæгтæй сæ иу уыд немыцаг фа- шизм. Тохы быдыры скъуыддзаг цыд сæрибаруарз адæмты хъысмæт, фидæны фæлтæрты хъысмæт. Советон Цæдисы бирæ нациты æхсæн ирон адæмы фырт- тæ се ’хсар æмæ хъайтардзинадæй сæрмагонд бынат æрцахс- той фыдыбæстæйон хæсты. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æппæт фронтты хæстон фæндæгтыл баззадысты ирон салдæтты æхсар æмæ лæгдзинады нысæнттæ. Сæ хъæбатыпдзинад, æрвнæрæгау, нæрыд хæсты æвирхъаудæр æмæ утззаудæр рæттæй. Æмæ-иу кæм нæ басгуыхтысты: Балты æмæ Сау денджызы дæлдон нау- тыл, уæлдæф æмæ сур зæххыл, разведкæйы æмæ знаджы фæг- 4
иъылдымы. Ахæм æфсæддон баиугæндтæ нæ уыд, ирон адæмы фырттæ кад æмæ намысимæ сæхи кæм нæ равдыстой. Ирыс- тоны тохы бæлццæттæ тугæй цæм хæсты фæндæгтЫл фæбыры- дысты цардæй мæлæты æхсæн цы æрдуйы хид ис, ууыл, дæлæ^ мæ не ’руагътой сæ фыдæлты,æхсар æмæ лæгдзинад. Советон æфсады рæнхъыты хæцгæ фæцыдысты Кавказы хохрæбынтæй суаиг дæр Берлинмæ æмæ сæ фыды уæзæгмæ æрхастой фарн æмæ уæлахиз. Советон сæрдарад стыр аргъ скодта ирон адæмы хъæба* тыр фыртты тохæн. Дæс æмæ ссæдз æфсæддон разамонæгæй фылдæрæн лæ- вæрд æрцыд инæлæртты нæмттæ, уыдонæй Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр Плиты Иссæ æмæ Советон Цæдисы хъæ- батыр Хетæгкаты Георгийæн армийы инæлæртты нæмттæ. Со~ ветон Цæдисы хъæбатыр Мамсыраты Хаджумарæн та лæвæрд æрцыд инæлар-булкъоны ном. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон адæмы фырттæй 35 адæй* магæн лæвæрд æрцыдысты Советон Цæдисы хъæбатырты нæмт* тæ. Кад æмæ сын цыт! Фæлæ ирон адæм канд сæ инæлæрттæ æмæ хъæбатыртæй буц не сты. ИрыстоНæн кад чи скодта, ахæм хъæбултæ бирæ ис. Уыдонæй бирæтæ сты зарджыты æмæ кадджыты аккаг. Ирон адæм сæ хъайтарты фарсмæ æвæрынц Дзоты Лавренти, Козаты Шаликъо, Джиоты Алыкка, Зæнджиаты Владимир, Дзадтиаты Димитр, Къалаты Барис, Тедеты Ясон, Гасситы Виктор, Къусраты Къоста9 Слонаты Алымбег, Баситы Чабæхаи æмæ бирæ æндæрты хъæбатырдзинад. Арг’рæутты дунейæ растадысты æмæ абоны царды æцæг- дзинад фестадысты Зæнджиаты Владимиры тохы хабæрттæ. Нарты Батрадзау, нæ арты сыгъд, нæ дæлдон фæци% нæ йæ топ- пы нæмыг айста, нæ йæ кард скарста. Сац рын æй цалдæр хат- ты ингæимæ дæр ныргъæвта, фæлæ нæ фæтасыд, нæ ныллæу уыд йæ бæгъатыр нæртон зæрдæ йæ куыстæй. Мæлæтимæ лæ- гæй-лæгмæ фæбыцæу, абырста йæ, ныххурх æй кодта, сбырыд- Щ ингæнæй æмæ та-иу ногæй дæрæн райдыдта йæ фыдыбæс* тæйы æгъатыр знæгты. Стæм цæвиттон ис Стыр Фыдыбæстæ- йон хæсты .Зæнджиаты сахъ лæппуйы цæвиттоны хуызæн. Кæнæ Дзоты Лавренти, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыц- Цаг хатт йæ риуæй знаджы нæмыгзгъалæны дзых чи сыхгæдта æмæ йе ’фсæддон хайæн размæ абырсыны фадат чи радта. Уый ТЬмХæ^ сæРыстиРæй фыста«Комсомольская правда» 1942азы. «Мæ адæммæ, — фыста йæ тугæй ирон бæгъатыр йæ мæлæты агъ°ммæ йæ иубæстон адæммæ, — Советон адæмæн службæ- к&нгæйæ, мæ фæстаг туджы ртахы онг тох кæнын советон зæх- хы цЫт^ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл. Æз хо^дЫ^ ^æн' ме СТЫР а^æмы Чæс^омы раз цы хæстон ард ба- ротон, ууыл. Мæ царды фæстаг сулæфты онг мæхи нымайын 5
адæмы иузæрдион фыртыл. Размæ Райгуырæн бæстæйы тых- хæй лейтенант Дзоты фырт». Лейтенант Дзоты фырты ныстуаны тыххæй «Комсомоль- ская правда» йæ раззаг уацы 1942 азы 11 сентябры фыста: «„.ноджыдæр æмæ ноджыдæр бакæс лейтенант Дзоты фырты фæдзæхст, æвзонг хæстон! Дæ зæрдыл бадар уыцы фæдзæхсты алы дзырд дæр. Æмæ ды ’ тохы куы бацæуай, уæд-иу æры- мыс. Дæуæн мыййаг зын куы уа тохы быдыры, уæд-иу сфæл- хатт кæн уыцы фæдзæхст. Уый дын дæ хистæр æфсымæры амындау, дæ райгуырæн бæстæйы фæдзæхстау, де ’мдзу кæн- дзæн тохты, базыртæ дыл садздзæн, дæ тых дын дывæр кæн- дзæн. Уымæн æмæ дунейы мидæг Фыдыбæстæмæ уарзондзинад æмæ уæлахизы ныфсæй тыхджындæр æмæ хъомысджындæр ницы ис1* Абон дæр ма нæ рох кæнынц горæт Россошы цæрджытæ Козаты Шаликъойы æгъуыстаджы хъайтардзинад. Сарæзтой йын цырт сæ горæты рæсугъддæр ран æмæ йæм æрвыл райсом дæр æрбахæссынц удæгас дидинджытæ. Нæ рох кæнынц Дард Цæгаты Дзадтиаты хъæбатыр Ди- митры ном дæр. Иæ тох æмæ йе ’хсарыл ын скодтой удæгас таурæгътæ. Цы хъæуы амард, уый рахуыдтой «Джатиево» æмæ йын йæ ном сæнусон кодтой. Нæ рох кæнынц дард Италийы бæстæйы ирон адæмы хъæ- батыр фырт Джиоты Алыккайы æгъуыстаджы тохты цаутæ Оæр. Джиойы фырт нæ бакуымдта сæттын, нæ йæ баурæдтой фыдæзнаджы æвирхъау концлагеры къултæ, атыдта сæ, алыгъд æмæ слæууыд Италийы партизанты къордтæй. сæ иуы сæргъ, æмæ æгъатырæй дæрæн кодта фашистон сырдты. Ита- лийы адæм æгъуыстаджы бæгъатырæн радтой сæ паддзахады националон хъæбатыры ном. Алыкка у уырыссаг адæмы фырт. Палитаевы фæстæ дыккаг ахæм фæсарæйнаг адæймаг, Итали- йы паддзахабы хъæбатыры ном чи райста. Италийæ Джиоты Алыккайы номыл æрцыд ахæм гæххæтт: «Джиоты Барисы фырт Алыксандрæн (Сандройæн) фашизмы æмæ нацизмы ныхмæ национ сæрибаргæнæн тохы цы бавæрд бахаста, уый хынцгæйæ; йæ къухмæ хæцæнгарз кæй райста æмæ иннæ антифашиа- тимæ, адæмы хуыздæртимæ иумæ Италийы радикалон æгъда- уæй раивнынмæ кæй тырныдта; хæсты быдыры нæ цы кадджын æмбæлттæ фесæфт, уыдо- ны ном мысгæйæ æмæ йе сгуыхтдзинæдтæ хъуыды кæнгæйæ; йæ хæс — тох кæнын Италийы фидæныл, кæцы уыдзæн сабыр, амондджын æмæ сæрибар — нæ рох кæнгæйæ. Италийы коммунистон партийы Генералон секретарь Луи- джи Лонго». Полъшæйы паддзахады хъæбатыр сси не ’мзæххон Тедеты Ясон дæр. Польшæйы партизантимæ иумæ æнауæрдон тох 6
кодта фашизмы ныхмæ æмæ йæ цард нывондæн æрхаста йæ адæмы сæрибардзинады сæрыл. Æнæнтау уыдис Слонаты хъæбатыр цæргæс Ллыбеджы тох. Алыбеджы æгъуыстаджы тохы тыххæй фыссы (журнал «Смена», 1968 азы, №9) Совеюн Цæдисы дыууæ хатты Хъæба- тыр, авиацийы Сæйраг маршал Новиков А. А. 1941 азы Ленин- грады блокадæйы фыццаг бонты не ’мзæххон ^хъæбатыр тæ- хæг Слонаты Алыбег равдыста, дунейы авиацийы анналты зындгонд чи у, уыцы сгуыхтдзинæдтæй ноджы стырдæр æмæ, абарæн кæмæн ницæимæ ису ахæм хъæбатыр сгуыхтдзинад. «Слонаты Алыбеджы æрдхæрæйнаджы сгуыхтдзинад ай- хъуыстиб æппæт дунейыл, — фыссы авиацийы Сæйраг мар- шал А. А. Новиков, — Америкæйы газетты Слонаты Алыбегы сгуыхтдзинад схуыдтой «чи никуы ма уыд, ахæм. Дунейы авиа- цийы анналты зындгонд чи уыдис, уыцы сгуыхтдзинæдтæй иу- уыл стырдæр.» Æгъуыстаг уыдис Къалаты æвзонг лæппу Барисы тох дæр. Нырма ницы федта цардæй, йæ лæппуйы, кары дæр нæма ба- цыд, афтæмæй йæ къухмæ райста хæцæнгарз æмæ нæртон тох самадта йе знæгты ныхмæ, йæ мæлæты фæстæ йæ бавдыстои Советон Цæдисы хъæбатыры ном райсынмæ... Советон Цæдисы хъæбатыры ном райсынмæ бавдыст æр- цыд гвардийы булькъон Гасситы Виктор дæр. Карз æмæ æвирхъау уыдысты Гасситы булкъоны тохы хæ- цæнтæ. Цæгат Ирыстоны зæхх, «Расветы» цурæй райдыдта йæ тохы хъæбатыр фæндаг æмæ фæци Берлины. Викторы хъæба- тырдзинады тыххæй дзуры йæ чиныджы Советон Цæдисы Хъахъхъæдады министр маршал Гречко дæр. Номхæссæн уыдысты булкъонтæ: Есиаты Хъасболат, Сана- хъоты Гри, Гаглойты Никъала, Муриаты Дадо, дæлбулкъон Гасситы Федыр, майор Бежанты Димитр, майор Джиоты Та- рас æмæ ноджыдæр бирæ æндæр æмæ æндæр бæгъатырты тох- тæ. Иудзырдæй, Нарты — аланты хъæбатыр байзæттаг аккаг тохы фæдонтæ разындысты сæ фыдæлтæн. Кад æмæ сын цыт! Гъе, фæлæ æвæджиау стыр æмæ æвирхъау уыдысты Фы- дыбæстæйон хæсты Ирыстонæн йæ хъæбулты зиæнттæ. Сау хæст æгæр æнæфсис разынд. Бирæ цæрынхъуаг удтæ ахаста ингæнмæ. Кавказы хохрæбынтæй суангдæр Берлинмæ хæстон фæн- дæгтыл ахæм ран нæй æфсымæрон адæмты æдзард хъæбулти- мæ фæрсæй-фæрстæм кæм нæ ис ныгæд Ирыстоны зынгхуыст хъæбултæй. Бйрæтæн дзы се ’бæрæг нæмттимæ ингæнмæ ацы- дысты сæ тохты хъæбатырдзинæдтæ. Хæст æгъатыр уыд, æмæ- иУ аоæх хæсты цалхы бын æбæрæг ран ассæста салдаты сгУьсхтдзинæдты. Ирыстоны иу стæм хæдзæрттæй фæстæмæ ахæм нæй нырма оæР йæ тохы бæлццæттæм чи нæ æнхъæлмæ кæсы, Æмæ иу- 7
гæйттæй нæ, фæлæ æгас хæдзæрттьс дзаг бæлццæттæ хæстьс быдырты баззадысты. Ирыстоны алы хъæумæ дæр хæсты уæз бафсæрста æмæ алы, ран дæр ныууагъта йæ уæззау хъæд- гæмттæ. ’ ’ Ирыстоны къуымтыу æрвнæрæгау, айхъуыст Гæздæнты Тъасойы авд.фырты æвирхъау хабар. Авд хъæбулы, авд цæр- гæсы атахтысты Иры хæхтæй хъазуат хæстмæ æмæ фæстæмæ нал æрыздæхтысты сæ ныййарæг мадмæ. Фæхъыг кодта ный- йарæг Ирыстон йæ зынгхуыст хъæбултыл. Нал æрыздæхтысты хъазуат хæстæй Хъесаты фондз æфсымæры, Дзебысаты фондх æфсымæры, Хъалæгаты фондз æфсымæры, Гасситы цып- пар æфсымæры, Плиты цыппар æфсымæры, Дыгуры фондз æфсымæры, Дзугаты цыппар æфсымæры, Таболты цып- пар æфсымæры, Хуыбецты фондз æфсымæоы æмæ цал æмæ цал сты Ирыстоны хъæбатыр зынгхуыст хъæбул- тæ. Зæрдæ сыл фæриссы. Никуы ферох уыдзысты йе ’дзард хъæбулты нæмттæ ирон ад^мæй. Нæ адæмы рæсугъд фидæны цæргæйæ баззадысты. Æнусон кад æмæ цыт Ирыстоны æдзард хъæбултæн! Арфæ сæ ныййарæг мадæлтæн, сæ хъæбулты туг æмæ цæрæнбонтæй фæлтæрты чи бахызта фыдрынæй. Ирон адæмы разагъта хъæбултæ, йæ кадджын инæлæрттæ æмæ Советон Цæдисы хъæбатырты тыххæй Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад мыхуыры рауагъта хицæн чиныг. Уый ор- фæйаджы куыст у. Фæлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ Стыр Фы- дыбæстæйон хæсты ирон адæмы æхсар æмæ: лæджыгъæд æв- дисæг канд йæ инæлæрттæ æмæ хъайтартæ не сты, фæлæ ма сты йæ хъæбатыр салдæттæ æмæ йе ’взыгъд афицертæ. Уыдо- нæй бирæтæ инæлæрттæ æмæ Советон Цæдисы Хъæбатырты нæмттæ нæ райстой, фæлæ се ’гъуыстаджы хъæбатырдзинад æрдхæрæйнагæн баззад.у Уыдон дæр хæсты æвирхъау уадты- мыгъты фæцыдысты, ахастой се уæхсчытыл хæсты уæз æмæ æрхастой уæлахиздзинад. Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдад фæнд кæны уыцы æхсарджын салдæтты тыххæй хицæн чингуыты æмбырдгæндтæ рауадзын. Уый стыр æмæ вазыгджын куыст у. Зын у, ирон адæмы фырттæй хæсты быдыры чи басгуыхт, уыдонæй алкæй тыххæй бæстон бæлвырдгæнæнтæ æртымбылкæнын. Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдад цы арфæйаджы хъуыддаг сфæнд кодта, уый чи зоны æххæстæй йæ къцхы нæ бафта, уымæн æмæ нæ намдзыд хæстонтæй бирæ ис Ирысто- нæй æддийæ, æмæ уыдонимæ бастдзинад саразын зын хъуыд- даг у. Æмбырдгонды фыццаг томмæ бацыдысты, æрмæстдæр або- ны онг рауагъдадæн йæ бон æртымбыл кæнын кæй баци, ахæм æрмæджытæ. Уыцы æрмæджытæй бирæтæ мыхуыры уыдысты газетты æмæ журналты фæрстыл Цæгат æмæ Хуссар Ирысто- ны. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон дæр æххæст не сты. Фæлæ рауагъдад дарддæр нæ ныууадздзæн, цы ахсджиаг хъуыддаг 8
райдыдта, уый, гæнæн æмæ амал уæвгæйæ йæ куыст ахæццæ кæндзæн кæронмæ. Рауагъдад æмбары, цы хъцыддаг аразы, уый бæрнон æмæ ахсджиаг кæй у. Уымæн æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон адæмы фыртты хъæбатыр тохты фæндæгтæ æххæст æмæ объек» тивонæй равдисын кæй нысан кæны нæ адæмы æхсар æмæ лæ- джыгъæд равдисын. Рауагъдад æмбары йæ бæондзинад хæсты хайадисæг хæстонты раз, йæ адямы раз. Уымæн æмæ Фыды- бæстæйон хæсты ирон адæмы намысджын хъæбулты æхсар æмæ лæджыгъæд цæвиттойнаг у нæ фидæны фæлтæртæн. Чиныджы æрмæджытæ равæрд æрцыдысты хæсты хайад- исæг æфсæддонты мыггæгты алфавитон принципмæ гæсгæ. Фыццаг томмæ кæй тохы хабæрттæ нæ бацыдысты, уыдон ба- хаст æрцыдысты фæстаг томтæм. Рауагъдад бузныг зæгъы чиныджы авторты стыр коллек- тивæн. Æмæ йæ ныфс ис дарддæр дæр кæй баххуыскæндзцсты рауагъдадæн йæ куыст кæронмæ ахæццæ кæнынæн. Рауагъдад «Ирыстоны» сæйраг редактор Гаглойты Владимир.
Дзадтиаты Тотырбег ПЛИТЫ ИССÆ I, ТАЙФУН МÆСКУЫЙЫ АЛФÆМБЛАИ Рæсугъд тала назы хъæд бамбæрзта зæхх æмæ йæм хуры тынтæ дæр нал хæццæ кодтой. Æрмæст бæрзонд æр*ыгон нæзы- ты уæлдай фидауыцджындæр кодтой, ранæй-рæтты се ’хсæн цы урс-урсид бæрзбæлæстæ сфардæг, уыдон. Фæззыгон бон. Хъæдбыны йæхи хæстмæ цæттæ кодта бул- къон Плиты Иссæйы бæхджын хъазахъхъæгты дивизи. Бирæ цыдæртæ ма бацæттæ кæнын хъуыдис бæхджын хæстонты раз- мæбырсæ-г знаджы ныхмæ æрлæууынæн. Дивизимæ, æгæр мæгуыр, йæ сармадзантæ дæр нæма бахæццæ сты. Æрмæст топпытæ æмæ пулеметтæ та æгъгъæд нæ уыдысты немыцаг танкты рæгъæуттæ æмæ хæдтæхджыты дзугтимæ хæцынæн. Фæлæ рæстæг нал уыд: знаг æрбахæстæг. Немыцаг æфсæдтæ, сæ фыццаг сгуыхтдзинæдтæй сæрра уæвгæйæ, Мæскуы райсыны æмгъуыд бонгай дæр нал, фæлæ сахатгай нымадтой. Операцийы размæ нæзы хъæды уыд дивизийы офицертæ земæ салдæтты митинг. Хæрзхаст, хæрззылд, цырддзаст бæхтæ бæлæстыл бæстытæй æнцад кастысты сæ хицæуттæм, цыма æм- бæрстой, нæ бæстæйыл цы сау бонтæ æркодта, уый. Цæхæрцæст Хъазахъхъæгтæ лæууыдысты бæлæсты бын æмæ, се ’рттиваг а;хсаргæрдтыл уæхсчытæм хæцгæйæ, æдзынæг хъуыстой сæ комдивмæ. Сæ тæккæ астæу лæууыд бæгæны хуыз рæсугъд 11
зыгъар бæх, йæ бырынкъ зæхмæ къул арæзтæй. Иссæйы хæс- тон æмбал хаттæй-хатт йæ раззаг рахиз урстæлм къахæй зæхх рахафы æмæ акæсы йæ алфæмблай æнцад лæууæг æфсæддон- тæм. Хуры тынтæ-м тæмæнтæкалæг цъæх уæлдæфы гуыв-гуыв кодтой знаджы хæдтæхджытæ æМæ хæстæг кæдæмдæрты бом- бæтæ æнæвгъау калдтой. Бомбæты хъæрмæ-иу зыгъар хими- дæг фестъæлфыд, стæй-иу, цыма йæхицæй фефсæрмы, уыйау æнцад алæууыд. Бæхыл бадт æлвæст лæппулæг, кавалерийы булкъоны дарæсы æмæ, идоны рохтыл саргъы гопмæ хæцгæ^ йæ, ныхас кодта æфсæддонтимæ. Сынты базырау сау æмæ кæ- рæдзиуыл ныхæст дæргъæццон æрфгуытæ, цырддзаст цъæхбын цæстытæ æмæ къæсхуыр цæсгомыл бæрæг уыд, йæ зæрдæйы маст куыд фыхт, уый. Хаттæй-хатт-иу йæ ныхас фæтынгдæр, уылæнау-иу анхъæвзта æфсæддонтыл æмæ-иу сæ уæнгтæ ныд- дыз-дыз кодтой. Мæскуы — нæ рæсугъд æмæ сæрибар царды хур! Мæс- куы — æгас дунеты фидæны æнхъæлцау. Мæскуы — нæхи Мæскуы... Бырсынц æм Гитлеры гуымиры къæрныхтæ... Фыд- гултæ хъавынц нæ райгуырæн бæстæйы зæрдæ аскъуынынмæ æмæ басудзынмæ. Нæ уыдзæн уый, никæд!.. Ард бахæрæм —» цалынмæ цæст æрттива, цалынмæ тугдадзинты туг лæдæрса, зæрдæ йæ бынаты змæла, уæдмæ тох, æнауæрдон тох кæй кæн- дзысты нæ Фыдыбæстæйы сæраппонд! ч — Ард хæрæм! — ныццарыдта бæхджын хъазахъхъæгты хъæлæс. Зæрдиагæй уыд хъазахъхъæгты ардбахæрд, стыр æмæ кад- джын ныхас радтой уыдон комдив Плийы фырты раз нæ Рай- гуырæн бæстæйæн, советон адæмæн. Ацæргæ хъазахъхъаг хæстæг бацыд Иссæмæ, йæ урсбын мыдхуыз зачъетæ æрсæрфта, схъæл рихитæ азяыхта æмæ йæ разы æрлæууыд: — Æз дæн хъазахъхъаг Иван Галота. Мæ авд фырты æмæ иунæг чызджимæ рацыдтæн нæ райгуырæн зæхх æмæ нæ цард знагæй бахъахъхъæнынмæ. Не станицæйæгтæй фæхицæн стæм æмæ фæстæдæр кæй æрбацыдыстæм, батко, уый нын баха- тыр кæн... Мæнæ ацы сабиты нырæй фæстæмæ кæнын де уазæг. Æмæ ды цы арты судзай, уым мах дæр хъуамæ æппæт бинон- тæй басудзæм. Дзырд дын дæттæм: нæ фæтæрсдзыстæм! — Ахæм адæмимæ фæцудæн нæй! — сдзырдта Плийы фырт йæ комиссармæ æмæ Галотайы æрбалхъывта йæ хъæ- бысы. — О, абонæй фæстæмæ мах уыдзыстæм иу тугæй рав- зæргæ æфсымæртæ, уæззау хæсты райгуыргæ хæлæрттæ. Галотайы цот, чи сæ куыд хистæр уыд, афтæ хæстæгдæр цыдысты комдивмæ æмæ йын йæ къух истой. Фæстагмæ йæм бацыд Галотайы æрыгон чызг, сырх гопп къæбæлдзыг уæл- дзарм худы æмæ сау сгæллад цухъхъайы, йæ фарсыл — хъама æмæ’ йæхицæй даргъдæр æхсаргард... Комдив æй лæппу фен- хъ&лдта æмæ йæ афарста: 12
— Дæуыл та цал азы цæуы, лæппу? Тынг фефсæмы чызг æмæ фæсырх, æвæццæгæн, тæрсгæ дæр фæкодта, йæ дивизимæ йæ нæ айсдзæн, зæгъгæ. — Æвддæс азы... Каст фæдæн медикон скъола, — загъта чызг, йæ цæстытæ тыбар-тыбур кодтой, афтæмæй. — Хорз, цæут, — загъта булкъон æмæ сын ацамыдта йæ разведкæйы къордмæ. — Æмбал комдив, полчъыты командиртæ æмæ штабы бæр- нон кусджытæ æмбырд сты, — фехъусын кодта адъютант. — Фæцæуын, — сдзырдта булкъон æмæ араст бæлæсты бынмæ. Афицерты астæу Иссæ райтыдта оперативон картæ. — Егъау æмæ уæззау хæс ныл æвæрд æрцыдис, нæ уын æй æмбæхсын, — загъта комдив. — Хъуамæ ахсæв бабырсæм немыцаг æфсады чъылдыммæ æмæ дзы нæ куыст бакæнæм. ...Æрталынг, афтæ Иссæйы размæ фистæгæй æрбацыд бæ- зæрхыг, цыбыргомау лæг. Комдив^ базонгæ фронты æфсæддон Советæй æрвыст булкъон ’ Доваторимæ. Уазæг райста Иссæйы къух, афтæмæй йæ афарста. —, Исай, цæттæ дæ фронты æфсæддон Советы бардзырд сæххæст кæнынмæ? — Æмбал булкъон, цæттæ дæн, — дзуапп радта Плийы фырт. Доватор ссыгъта дзыппы фонар æмæ æркаст, комдив опе- рацийæн цы пълан скодта, уымæ. Доваторæн йæ зæрдæмæ фæ- цыдысты Иссæйы хъуыдытæ æхсæвы стыр операцийæн. Разведкæгæнджыты куыст ракъахта хæст. Немыц æхсæ- выгон бырсынмæ нæ бæллыдысты, фæлæ ныр ныггуыпп кодтой æмæ сæ танкæты рæгъау æрбауагътой, сæ артиллерийы æхстæй хъæд фæркгай хаудта, бæхтæ сæ бæттæнтæ тыдтой æмæ дзæ- гъæлтæ кодтой мæйдары уыцы тархъæды астæу. — Размæ! — бардзырд радта командир. — Ныртæккæйы хуызæн рæстæг нын нал фæуыдзæн бабырсынæн. Лæбурджы- тæн сæ хъуыдыйы дæр нæ уыдзæн, мах сæ чъылдыммæ быр- сæм, уый. Размæ æнæ иу минут фæстиатæй! Лев Михаилы фырт Иссæйы рахиз къух æрылхъывта. Ком- Дивы адьютант бæх æрбахæстæг кодта. Рохтæ базмæлыдысты, æмæ бæх барæджы бын æркафыд. Доватор ма ракеты рухсмæ ауыдта, комдив йæ къух йæ ныхыл куыд авæрдта æмæ хъæды куыд фæтары ис, уый. — Фæндараст! — зæгъгæ, ма йын йæ фæстæ адзырдта Доватор. Дивизийы фæстæ хæстæг ран арв ’ссыгъди, стæй бæстæ ньшнæрыд, зæхх сынкъуыстис, бæхтæ тарст змæлд скодтой сæ бвдэетты. Ноджы дæр нæрын... æртыккаг хатт, цыппæрæм... Д^саем... Й(
Мæйдар скарстой æмæ уæлдæфы сфардæг сты сырх ракет- тæ. Уый уыд ныббырст райдайыны нысан. Иссæ фæуагъта Га- лотайы разведкæдзаутæ кæй æрцахстой, уыцы немыцæгты фæрсын, къухæй ма ацамыдта, фарст куы фæуой, уæд сын цы кæнын хъæуы, уый æмæ фæраст, разæй цы полкъ бырста, уыймæ. Æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы знаджы фæсчъылдым цыд хæст æнæрынцайгæйæ. Æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы Плийы фырты æмæ Мельникы хъазахъхъаг дивизитæ цæст не ’рны- къулгæйæ цагътой æмæ пырх кодтой Гитлеры æфсады къæбу- тырдыгæй. Ацы районы æртæ боны дæргъы хъазахъæгтæ бын- тон ныццагътой знаджы æфсадæй 430-æм фистæг полкъ, уы- мæй уæлдай знаджы æндæр хæйттæй мард фæцис дыууæ мины æмæ æрдæгæй фылдæр салдат æмæ афицеры. Хъазахъхъæгтæ арт бафтыдтой æмæ бынтон басыгътой дыууæ егъау фашистон штабы, стæй 6-æм æфсады штаб топографон хайад. Пырхгонд æмæ сыгъд æрцыдысты бирæ сæдæгай автомашинæтæ, танктæ, сармадзантæ, пулеметтæ. Мингай автоматтæ, сæдæгай пуле- меттæ æмæ æидæр хæцæнгæрзтæ трофейтæ байстой. Фæлæ æппæтæй ахсджиагдæр ацы операцийы уыдис: фа- шистон æфсæдтæ сæ тæккæ æррайыл куы уыдысты сæ фырхъа- лæй, сæ размæ бырсты ’нтыстæй сæ сæртæ куы разылдысты æмæ сæ фыны дæр «хайль ГитлерЬ куы хъæр кодтой, уыцы рæстæджы, 1941 азы, æрвыст æрцыд советон барджыты арæхст- дзинад æмæ хъæбатырдзинад знаджы чъылдымырдыгæй пырх- кæнынмæ, тас бауагътой гитлерон æфсады, сæмтъери кодтой размæбырсæг знаджы бирæ тыхтæ, бæхджынтæ сæхæдæг та фыдгулы фæсчъылдымæй рацыдысты æнæ стыр зианæй. Ацы операцийæ æвдыст æрцыд, бæхджын æфсад æхсызгон æмæ егъау хæцæг тых кæй у. Мæскуыйы алы фарс стыр хæстытæ ноябры мæй бахæццæ сты сæ тæккæ карзмæ. Советон Æфсад ацы ран равдыста йæ хæстон арæхстдзинад æмæ æнæкæрон хъæбатырдзинад: уæззау хæстыты саст æрцыд немьшы æфсады астæумагъз, сæ размæ- бырсты тых. Декабры фыццаг бонты Советон Æфсад æм- гуыпп ныккодта знаджы æфсæдты æмæ сын батыдта сæ фидæрттæ. Волоколамскы сосæфæндæгтыл тугуарæн хæстыты фæстæ Иссæйы æмæ Мельникы дивизитæн лæвæрд æрцыд гвардион дивизиты ном. Бафтыд ма сæм булкъон Тавлиевы бæхджын 20-æм дивизи æмæ арæзт æрцыд 2-аг гвардион бæхджын кор- пус, — йæ командир инæлар-майор Л. М. Доватор. Ноябры кæрон Хурныгуылæн фронты командæгæнæг Г. К. Жуковы бардзырдмæ гæсгæ бæхджынты 2-æм корпус хъуамæ ногæй бафсæрстаид фашистты æфсæдты ч^эылдыммæ горæт Ис- трайы районы æмæ дæрæн кодтаид фыдгулты къæбутырдыгæй. Мæскуыйы алфæмблай фронттæ сæхи бацæттæ кодтой стыр ныббырстмæ æмæ æнхъæлмæ кастысты нысангонд æмгъуыдмаё. 14
Цæттæ уыд бæхджынты корпус дæр йæ уæззау æмæ кад- джын хæс æххæст кæнынмæ. 9-æм декабры райсомæй фараст сахатыл зæхх нынкъуысти сармадзанты гуыр-гуырæй, знæгты фронт аныгъуылд бæзджын сау мигъы бын. Ныббырст райдыдта. Тымыгъау бырстой хъæуæй-хъæумæ æмæ æхгæдтой фæн- дæгтæ сахъ барджытæ. Фæлæ Горбово, зæгъгæ, ахæм ран сæм- бæлдысты алцæмæй дæр гæрзифтонг тыхтыл æмæ хæст æгæр дæргъвæтин кодта. Афтæмæй тас уыдис, дивизийыл знаг рæ- хыс куы ’рбавæра, уымæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй ам уыд хорз арæзт фидар æмæ фронтмæ ног кæй æппæрстой, ахæм полкъ бирæ танктæ æмæ хæдтулгæ сармадзантимæ. Иссæ фæ- дзырдта йæ хуыздæр хъазахъхъæгтæй цалдæрмæ æмæ сын бар- дзырд радта, цæмæй афæливой знаджы. Раздæр йæ бæхыл абадт Иссæйы штабы æфсæддон, цирчы дæсны æмæ сгуыхт артист Тугъанты Батырбег (Михаил). Хъа- захъхъæгтæ сæ бæхты фæдфæдыл, комдив сын куыд бацамыд- та, афтæ дугъы ауагътой знæгты гуылфæнмæ. Фашисттæ сыл алырдыгæй, ихуарæгау, нызгъæлстой пулеметтæ æмæ автомат- тæй. Фыццаг гæрæхтимæ-хъазахъхъæгтæ сæргътæй фесхъиуд- той æмæ сæ бæхты гуыбынтыд сæхи нынныхæстой, афтæмæй февзæрдысты фыдгулты артдзæсты. Фашисттæ сæхи æрцæттæ кодтой бæхтæ рацахсынмæ. Фæлæ сыл гвардион барджытæ сæ автоматтæй куы нызгъæлстой, уæд фæкатай сты. Уæдмæ хъæ- батырты фæстæ бабырстой бæхджын эскадронтæ. Знагыл хи- нæй рацæуыны фæнд фæрæстмæ æмæ Горбово ссæрибар Гит- леронтæй, дивизи уацары райста бирæ салдæттæ æмæ афицер- ты, трофейтæ — танктæ, хæдтулгæ сармадзантæ, пулеметтæ æмæ бирæ автоматтæ, гилдзыты æмæ хæлцы къæбицтæ. Бæхджын гвардионты корпусы æнтыстджын архайд тынг баххуыс кодта Говоровы размæбырсæг 5-æм æфсадæн æмæ йæ хъуыддæгтæ цыдысты рæвдз. Зымæгон хъызт бонтæ карзæй- карздæр кодтой æмæ декабры тымыгъ миты бын арфæй арф- Дæр ныгæдта фашистты мæрдтæ, танктæ, сармадзантæ. Сырх Æфсад бырста æмæ бырста размæ, знаджы тыхты дæрæн кæн- гæйæ. Фæлæ Рузæйы доны был Дьяковойы хъæуыл хæцгæйæ, Иссæ фехъуыста, æвирхъау хабар: Палашкинойы хъæуы исгæ- Иае> фæмард сты Доватор æмæ комдив Тавлиев, — йæ хорз хэестон æмгæрттæ. Фронты æфсæддон Советы тæрхон кодтой, Доваторы фæс- ^æ баехджын гвардионты 2-аг корпусæн командир кæй снысан æной, ууыл. Фыццаг кандидат уыд инæлар-майор Плиты Ис- æ- Алкæй дæр сæ фæндыд йæ биографи бæлвырддæр базонын. 15
II. КУСАГ ÆМÆ КАФАГ ЛÆППУ Зæронд Бæтæхъойы хъæуы астæу нарæг уынджы цардыс- гы Плиты Алыксандр æмæ йæ бинойнаг Аминæт. Уыдонæн 1901 азы райгуырд фырт. Ноггуырдыл ном сывæрдтой Иссæ. — Амондджын гуырд фæуæд, — зæгъгæ, арфæтæ кодтой хъæубæстæ. Зын фадæтты рæзыд чысыл Иссæ. Фæлæ уæддæр скъола- мæ цæуынхъом фæцис æмæ æнæзивæгæй ахуыр кæнын райдыд- та. Кæд бæгьнæг æмæ æххормаг æййæфта, уæддæр сывæллоны зæрдæйы уыд раст хъуыды: ахуыр кæнын, цыфæнды куы уа, уæддæр, ахуыр! Æмæ уыцы хъуыды раскъуынын никæмæн уал бакуымдта лæппуйы зæрдæйæ. ’ Иссæ ахуыр кодта хъæууон райдиан скъолайы. Фæлæ цух нæ уыд уæды рæстæджы ирон хæдзары уæззау куыстытæй дæр. Зылд бæхтæм, цыд хъæдмæ суг ласынмæ, кодта хуым, æх- хуыс кодта йæ фыдæн. Искæй-иу саргъыбæхыл бадгæ куы фед- та, уæд-иу фырмондагæй ахъаззаг ныккæрзыдта: — Гъей джиди, ныр уыцы бæхыл абад æмæ йæ æркафын кæн! Хъæуы, кæнæ-иу æндæр ран искуы дугъ куы уыд, уæд уый Иссæйæн уыд стыр бæрæгбон. < ^ Зæрдæргъæвд æмæ алцæмæ дæр æнæзивæг саби каст фæ- цис, хъæууон скъолайы цы æртæ къласы уыд, уыдон. Дарддæр ахуыры фадат нал уыд: Алыксандрæн йæ бинонтæ аст баисты æмæ даринагджын хæдзар мæгуырæй мæгуырдæр кодта. Уыцы рæстæджы Америчы хъæздыгдзинæдтæй бирæ лæгты зæрдæ барухс æмæ сæхицæн ныфсытæ æвæрдтой: «Фæцæуæм Америк- мæ, хорз мызд дзы хонынц æмæ æхца бакусæм...» Алыксандры дæр йæ фын йæ фæстæ асайдта дард Америкæмæ денджызтæ æмæ океаны сæрты «йæ мæгуырдзинад фесафынмæ», «æхца бакусынмæ»... Æнхъæлцау мад æмæ сывæллæттæ баззадысты Бæтæхъо- йы хъæуы. Фыдбонтæ нæ басастой Иссæйы хъару æмæ цардмæ тырнындзинад: йæ хæстæджыты руаджы раирвæзт Дзæуджы- хъæуы горæтмæ æмæ тыхмадзæлттæй, зонгæтæ æмæ хионты фæрцы бахауд ахуырмæ дыккаг реалон скъоламæ. Сабийы зæрдæ фæрухсдæр, йæ фæндаг фæрæвдздæр æмæ йæ сæнттæн ныр сæ иу — дарддæр ахуыр кæнын — къухы æфтыд. Чиныгуарзаг, царды бæрзæндтæм тырнæг æрыгон Ис- сæйæн æнцон нæ уыд уæды рæстæджы горæты хи хардзæй цæ- рын æмæ ахуыр кæнын. Зæрдæхалæн хабар æрыхъуыст дард бæстæйæ: мæгуырдзинад фесафыны мадзæлттæ агурæг, цардмæ бæллæг америкæдзау Алыксандр фæмард шахты хуылфы — ныккалд ыл къæдзæх. Æнхъæлцау бинонтæ баззадысты сидзæ- рæй. Кæуинаг фыдбонтæ æмæ ставд цæссыджы суадæттæ фæ- фылдæр сты... Фæлæ адæймаг царды фидар бынат æрцахсынмæ йæ’тых 16
куы саразы, æмæ афтæмæй куы фæбырсы зындзннæдты, уæд йæ бон бирæ вæййы. — Мæ сабийы бонты мæ иу хорз амонд фæцис, — ныр дæр фæзæгъы Иссæ. — Дзæуджыхъæуы 2-аг реалон скъолайы куы ахуыр кодтон, уæд хорз уырыссаг ахуыргæнæджы къухтæм ба- хаудтон. Уый æцæг амондджын æмæ цæрæнбонмæ зæрдылда- ринаг хъуыддаг у. Уырыссаг, ацæргæ ахуыргæнæг сылгоймаг йæ куыст бирæ уарзта. Ме ’ууæлтæм мын куы ’ркаст, æмæ ахуыр кæнынмæ тынг кæй бæллын, фæлæ мын æвзæр фадæттæ кæй ис, уый куы базыдта, уæд мæ йæхи хæдзармæ акодта цæ- рынмæ æмæ ахуыр кæнынмæ. Цæргæ хъæздыг нæ кодта, фæлæ йæм цы уыдис, уымæй дæсны арæхст. Фыццагдæр хорздзинад уый уыдис æмæ мын бамбарын кодта уырыссаг стыр культурæ- йы тæваг: Пушкины чингуытæ, Гоголы фыстытæ, Толстойы уац- мыстæ, Лермонтовы хъæбатыр поэзи æмæ прозæйы ад. Чай- ковскийы æмæ уый хуызæн корифейты музыкæйы рæсугъддзи- над. Мæ ахуыргæнæджы фæрцы æз фесæфтон, уæды рæстæджы мæм цы хъæууон «хъæддагдзинад» уыдис, уый. Ахуыр. кодтам фыццаг империалистон, хæсты рæстæджы æмæ цух нæ уыдыс- тæм алы хуызон романтикон сæнттæй, тынгдæр та нæ фæнды- дис хæстмæ алидзын, немыцаг кайзерты сæттынмæ. Мæ ахуыр- гæнæг, мæ дыккаг мад уый куы бамбæрста, уæд мæ-иу алы бон дæр хъахъхъæнгæ кодта, цух мæ нал уагъта. Хæстмæ хъусдарды цыбæлæй-иу мæм хатт хæрын дæр нал цыдис. Фæлæ чи уæндыд зæгъын: «Нæ мæ хъæуы». Уæд-иу стыр мас- ты бын фæдæн. Хистæрмæ хъусын, хистæрæн кад кæнын, йæ амындтæ йын æххæст кæнын дæр мæ хорз сахуыр кодта æмæ дзы иуæй тынг æфсæрмы кодтон, иннæмæй та тæрсгæ. Ныртæк- кæ зын зæгъæн у: æфсæрмы дзы тынгдæр кодтон æви тæрсгæ. Фæлæ мæ зæрдыл арæх æрлæууы, тæрсгæ дзы æнæкæрон тынг кæй кодтон, уый. Диссаг та мæм уый каст: кæцæй мын зыдта мæ алы къахдзæф дæр. Урокмæ ферæджы, урокмæ нæ бацыд, кæнæ ахуыргæнæджы фарстæн æххæст фаг дзуапп нал дæттын, — се ’ппæт дæр ып-иу уыцы бон зындгонд уьг лысты. Ралæууыдысты фыццаг империалистон хæсты азтæ. Царды уаг бамбарыны хъуыддаг фæзындæр. Æрыгон Иссæ æмæ йæ алы фарс чи уыди, уыдонæй дæр бирæ нæ зыдта, цæмæ æрцæу- Дзæн империалистон хæсть* фæстаг. Граждайнаг хæсты æнæ- к^рон туджы зæйты рæстæджы Иссæ фæцух йæ ахуырæй, скъолайы фæстаг кълас нал фæцис, афтæмæй æрыздæхт йæ Райгуырæн Бæтæхъойы хъæумæ æмæ та фæцис хæдзары куыс- ТЬ1 бын. Иссæ ныр бамбæрста: адæмты хуыздæртæ сæ туг дзæгъæ- Лы каэй нæ калынц, кæй сæм ис стыр æмæ арф хъуыдытæ бæс- 7аейы цагъардзинад æмæ мæгуырдзинад фесафыны тыххæй, аДэомы цард фæхуыздæрæн, уый. Æдзынæг-иу хъуыста, хæсты 9* 17
хъæбатырдзинад равдисджыты тыххæй арæзт зарджытæм æмæ таурæгътæм, афтæ бирæ сæ бауарзта æмæ йæ зæрдæйа^ нал- хицæн кодтой. 1922 азы Плийы фырт барвæндæй бацыд Сырх Æфсады рæихъытæм. Ленинграды бæхджын æфсады командиртæ цæт- тæгæнæн скъола ис, зæгъгæ, уый базыдта æмæ, афæдз хуымæ- тæг сырхæфсæддонæй зæрдиагæй баслужбæйы фæстæ ацыд ахуырмæ. Кадджын уыд ирон лæппу йæ ахуырмондагæй, йæ фидар æфсæддон æгъдауæй, йæ дæсньг кафт æмæ зардæй. Æвæццæ- гæн, Ленинграды орденджын кавалеристои скъолайы нæ уыда- ид ахæм циндзинады æмбырд, курсант Плийы фырт ирон кафт кæм не скодтаид, рæсугъд хъæлæсæй-иу кæм нæ ныззарыдаид. Йæ рæсугъд æмæ хæрзарæхст бæхыл бадт æмæ дугъты æдзух фыццаг бынат ахсынæй та диссагæн баззад йе ’мгæртты астæу æмæ æгас скъолайы дæр. Ленинграды орденджын кавалеристон скъола уыдис Пли- йы фыртæн лæгдзинады фидар бындур æрæвæрæг, æмæ йæ каст, дæр фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ 1926 азы. Кавалеристон скъола каст фæуæвгæйæ, Плийы фырт æр- выст æрцыд ахуыргæнæгæй — курсы командирæй Краснодары хъуыстгонд кавалеристои скъоламæ. Ам Иссæ базонгæ ис бирæ ирон фæсивæдимæ — скъолайы курсанттимæ. Уыдон æхсæн уыдысты Ирыстоны æвзаргæ фæсивæдæй уæды курсанттæ, ны- ры инæлæрттæ — Советон Цæдисы Хъæбатыртæ: Дзусаты Ибра- гим, Мамсыраты Хаджумар æмæ æртындæс орденджын — Слан- ты Лентъо. Иу фæадагыл лæуд, иу зондахастыл цæуæг ирон хъару- джын лæппутæ кæрæдзи бирæ бауарзтой æмæ с’астæу сфидар хæлардзинад, афтæмæй ахуыр æмæ хъомыл кодтой арæхст- джын æмæ дæсны кадртæ Сырх Æфсадæн. Сырх Æфсады афицер Плиты Иссæ Фыдыбæстæйы хæсты агъоммæ каст фæцис дыууæ академийы, Ленины æмæ Сырх ты- рысайы орденджын академи. Æмæ службæ кодта кавалерис- тон дивизийы оперативон хайады хицауæй. Уый фæстæ æрвыст æрцыд полчъы командирæй Буденнийы номыл Сонгарскы ди- визимæ. Кубайнаг хъазахъхъæгты полкъæн командир уæвгæ- йæ, Иссæ йæ ахуырдзинад æмæ зонд парахатæй лæвæрдта йæ кæстæртæн. Фæлæ иу чысыл рæстæгдæр йæ зæрдæйæ нæ хи- цæн кодта дарддæр ахуыр. кæнын. Плийы фырт ахуырæй фæл- лад нæ зыдта. Æмæ сæххæст йæ рагон хъуыды — бацыд æмæ ахуыр кодта Советон Æфсады Генералон штабы Академийы, Стыо Фыаыбæстæйон хæсты р^йдиан Иссæйы æрæййæфта ацы Академийы фæстаг курсы æмæ хæсты фыццаг бон балæвæрдта рапорт бархийæ фронтмæ цæуыны тыххæй. Советон Цæдисы Хъахъхъæнынады Адæмон Комиссар Плийы фырты снысан код- та кубайнаг хъазахъхъæгты дивизийы командирæй. | Мæскуыйы цур хæстыты кæй фесгуыхт, уый тыххæй Иссæйæп 18
лæвæрд æрцыд инæлар-майоры чин æмæ Ленины орден. Фрон- ты Æфсæддон Совет Плийы фырты сфидар кодта гвардион бæхджынты 2-аг корпусы командирæй. III. САУ ДАРÆН — «МАСТИСДЖЫТÆН» Сталинграды æмæ Кавказы фæстæ стыр хæсты фæзынд ахсджиаг ногдзинæдтæ. Уыдонæй иуы автор уыд Плиты Иссæ йæхæдæг. Мæскуыйы æмæ Сталинграды вазыгджын цаутæй спайда кæнгæйæ, уый йæхи фæлтæрддзинады бындурыл сны- вæзта хæцæг Сырх Æфсады 1-аг бæхджын-механизацигонд къорд саразыны пълан. Йæ фæндон фæцыд се ’ппæты зæрдæмæ, сразы йыл сты Генералон штаб æмæ уæлдæр хистæр командæ- гæнæг дæр. Къорд уыд цæттæ: иугонд дзы æрцыдысты гвардион бæх- джын корпус, алы хуызон сармадзанты лолкътæ æмæ танкты корпус, стæй авиацион хæйттæ дæр. Размæбырсæн дуджы ахæм æфсæддон иугонд хæйттæ хъуыдысты тынг æхсызгон зна- джы хъахъхъæнынад къæбутырдыгæй пырх кæнынæн æмæ йæ сурынæн. Фæлæ ахæм иугонд сарæхсдзæн стыр бæрнон æмæ тæссаг хæстæ æххæст кæнынмæ æви нæ, ууыл бирæ гуырысхо- гæнджытæ уыдис. Къорды кома-ндагæнæг инæлар-лейтенант Плийы фыртимæ фронтæй фæсидтысты Мæскуымæ, уæлдæр хистæр командæгæ- нæгмæ сæрмагонд хæс райсынмæ. Советон Æфсады размæ лæууыд Гитлеры ног конд 6-æм æфсад. Бæлвырд у, немыцаг 6-æм æфсад дæрæнгонд кæй æр- цыд Сталинграды æмæ дзы афтид номер йедтæмæ кæй ницы уал баззад, уый. Фæлæ Гитлер ацы номер радта, бынтон ног кæй сарæзта, йæ хуыздæр тыхтæ кæм æрæмбырд кодта, уыцы æфсадæн. Уый йын хъуамæ Сырх Æфсадæй йæ маст райса Сталинграды фæстæ. Стыр ныфс уыд немыцы маршалты æмæ инæлæртты, сæ ног æфсад сæттын кæй нал бакомдзæн, уымæй. Гитлер ма йæхæдæг дæр йæ зæрдæ тынг дардта, йæ ног æфсад 1944 азы уалдзæджы ног кæй райдайдзæн размæ бырсын, Ууыл. Плийы фырты бæхджын-механизацигонд æфсад 1944 азы 5-6 мартъийы æхсæвы байгæрста знаджы æртывæр фронт ФМæ боны цъæхтæм ахызт йе ’ппæт æфсалмæ немыцы фæс- чъылдымы оперативон фæтæнтæм. Фыццаг уыди Гераськины æфсæддон хай, йæ разæй Романюкы хъазахъхъæгты эскадрон, аФтæмæй. Ацы хъазахъхъæгтимæ раззаг рæнхъыты .цыд æмæ У^РДыгæй разамынд лæвæрдта æфсады командагæнæг инæлар Плиты Иссæ йе штабы оперативон къордимæ. Гераськины æф- 5æдд°н хайы фæстæ знаджы чъылдыммæ уыцы фæндагыл ырстой бæхджынтæ, танкисттæ, минометджынтæ, хæлцлас- ДЖытае, æнæхъæн æфсад. Немыцы æфсадыл ахæм егъау цæф зерцыди æнæнхъæлæджы, æмæ фыртæссæй цы акодтаид, уый 19
нал зыдта, афтæмæй ныххæлиу: чи дзы чердæм лыгъдн, уый дæр нал зыдта. Уыцы æхсæв Украинаг 3-аг æмæ 4-æм фронтты айхъуыст Плийы фырты æфсады сгуыхтдзинад. Уыцы æхсæв Мæскуымæ, Кремлмæ фехъуыст: Гитлеры ног 6-æм æфсад цъысымы бакæ- ныны тыххæй рæвдз æххæстгонд цæуы Плийы фырты операти- вон пълап. Уыцы æхсæв Иссæйы къухæй фыст æрцыд ног сыф хæстон историйы: фронт батонгæйæ, уый йе ’фсадимæ знаджы фæсчъылдымы абырста уæззау хæстытимæ 50 километр«ы бæрц æмæ ны.ппыр:х кодта немыцаг резервы, скарста йьш йæ фæндæг- тæ,, ныппырх ын кодта йæ хотыхтæ, бауагъта дзы мæлæтдзаг тас, йе ’ппæт хæстон пълантæ дæр ын йæ хъуыры фæбадын кодта. Немыцæй æнцондæр басæттæн цы æрдзы уавæртæ нæ уыдысты, уыдон дæр хæрзарæхст æмæ хъæбатыр советон æф- сæдтæ басастой. Зын банымайæн сты, уыцы ’хсæв немыцы сал- дæттæ, афицертæ æмæ инæлæрттæй советон хъазахъхъæгты цыргъ æхсаргæрдтæ цал мины скарстой, уыдон. Никæй къухы бафтыд бахынцын, Плийы фырты æфсад уыцы ’хсæв иемыцаг æфсады техникæйæ, хæцæнгæрзтæй цас ныппырх кодта æмæ басыгъта, уый дæр. Берлины дæр куыннæ барызтаиккой æмризæджы æмæ бар- дзырд радтой: кæд Плийы фырты зæххон тыхты нал уромынц не ’фсæддонтæ, уæд ын æппæт уæлдæфон тыхтæ йæ ныхмæ са- разын хъæуы, зæгъгæ. Аходæн афонтæм бæхджын æфсады сæрмæ арв сау адард- та немыцаг авиацийæ. Лæхъир зæхх рæмыгътой æмæ йæ уæл- арвмæ калдтой Ьомбæтæ, фæлæ уыцы рæстæджы уæлахиздзау Советон Æфсад сæ улæфт уагътой хъæдты æмæ æрхыты æм- бæхстæй. Æхсæвы Иссæйы æфсад фронт кæм байгæрстой, уыцы къа- хыр немыц фæстæмæ сæхгæдтой. Плийы фырты æфсадимæ ма бастдзинад уыд æрмæстдæр радиойæ æмæ хæдтæхæджы фæр- цы. Фæлæ æфсады радисттæ радиойæ бастдзинад хорз дардтой дыууæ фронты штабтимæ, стæй æфсады æппæт хæйттимæ дæр æмæ оперативон хæстон разамынд хæццæ кодта æнæкъуылым- лыйæ, афойнадыл цыфæнды рæстæджы дæр. Ныр дæр та 6-æм мартъийы сихортыл радиостанцты дæгъæлты дзыгъал-мы- гъул ссыд, уæлдæфы уылæнтæ та арвыл ахастой æфсады алы корпусмæ, дивизимæ, инженерон-æфсæддон хаймæ, бæхджын- тæм, танкисттæм, тæхджытæм, артиллеристтæм, разведкæгæн- джытæм, алы советон хæстонмæ дæр инæлар Плиты Иссæйы арфæйы ныхас æмæ ног ныббырсты тыххæй. Плиты Иссæмæ уайтагъд фæстæмæ хабар хастой: «Цæттæ стæм дарддæр быр- сынмæ». Ног Буг уыди фронты раззаг фæлтæрæй 100 километры бæрц арфдæр фæстейæ æмæ немыцæн сæ ныхлæуддзинады I стыр бынат ахста. Ам знаг æрæмбырд кодта стыр тыхтæ ре- зервæн, ардыгæй аппæрста æппæт хуссары фронтæн дæр хæ- 20
цæнгарз æмæ хæринаг. Ацы горæтæй æрвыст цыди Германмæ сæдæгай эшелонтæ советон хорæй, фосæй æмæ фæллойæ, ар- дыгæй немыцаг цагъархæсджытæ тардтой мингай советон адæймæгты Германмæ. Ам цардысты немыцы хуссайраг æф- сæдты хистæр хицæуттæ — æвзаргæ инæлæрттæ æмæ маршал- тæ. Уый тыххæй бæстон хабæрттæ уыди Плийы фыртмæ йæ разведкæйæ æмæ партизантæй. Мæнæ та йыл ныр сæмбæлд, разведкæгæнджыты æмæ партизанты уацтæ, — ныртæккæ го- рæт Ног Буг цы уавæры ис æмæ дзы алцæмæй цы æмæ цас ис, уый. Иссæйы æфсадæн йæ операцийы генералон пъланы уæхс- тытæ дæр уырдæм арæзт сты. Баззад ма йæм 45Н50 кило- метры. Ныббырсты оперативон пълан дæр уæдæ одæттæ у, тæр- хонгоид ыл æрцыд йæ хæдивæг инæлæртт,имæ, æмбæрстгонд у кæмæн æмбæлы иннæ командиртаей, уыдонæн Дæр. Танкæты батальонтæ бабырсдзысты Ног Бугмæ хурыскæсæ- ны æмæ цæгат хурыскæсæнырдыгæй; бæхджынтæ ныццæвдзысты хуссар æмæ хурныгуылæн хуссарырдыгæй, артиллери æххуыс кæндзæн дыууæрдæм дæр, — афтæмæй горæт хъуамæ ист æр- цæуа æхсæвыгон æвиппайды æмæ æвирхъау фæцæфæй, —æп- пæты фыццаг хъуамæ къухы бафта фæндæгтæ бацахсын æмæ æфсæнвæндаджы станцæ райсын æд хæстон мулк, знагæн йæ бон стæлфын дæр <куыд иал бауа, афтæ. Хæст, егъау хæст стынг Ног Бугы алы фарс. Уый фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй «бугаг». немыц Плийы фыртæн æи- хъæл нал уыдысты сæ чъылдыммæ, фронт та сæм дард уыд, сæдæ километры æддæдæр. Æмæ сæ Иссæйы æфсад æрцахста хæлиудзыхæй. Немыцы салдæттæ, афицертæ æмæ инæлæрттæ сæхицæн фидар ран æнхъæл уыдысты æмæ сæм «хорз. нæ фæ- каст», Саветон æфсад сæ æнафоиы кæй бахъыгдардта, уын. Фыццаг сæ партизантæ фæхуыдтой. Фæлæ горæт алырдйгæй дæр гыбар-гыбур куы сси, иуырдæм дæр сын фæзилæн æмæ алидзæн куы нæ уал уыди, уæд бамбæрстой, сæ сæфты сахат кæй æрцыд. Цалдæр сахаты карз тохты фæстæ Ног Буг — йæ бирæ. районтимæ ногæй сси советон. Цыдæриддæр хæцæнгарз æмæ мулк уыдис горæты, уьгдон ист æрцыдысты Иссæйы æфсады къухтæм, иу паровоз дæр дзы нæ аирвæзт. Ног Буг æмæ йæ алыфарс сæдæгай хъæутæ æмæ бирæ го- Раэттæ немыцæй лст æрцыдысты. Гитлеры æфсæдтæн æнæхъæи ^краинæйы дæр сæ сæр сæ кой ссис, украинаг зæхх сæ къæхты бын сыгъди æмæ дзы хуыдуг кодтой. Плиты Иссæ фехъусын кодта Ставкæйы æрвыст маршал Басилевскимæ: егъау оперативон хæс æххæстгонд æрцыд æмæ ДаРДДæр куыд кæнгæ у, зæгъгæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ У*лДæфы уылæнтæ æрцахстой егъау арфæйы ныхас Сталинæй ^фсады намысджын сгуыхтдзинады тыххæй. Уыимæ Плийы фырт райста Ставкæйы бардзырд: хуссарырдæм денджызы оылтæм абырсын æмæ уыцырдыгæй дæр немыцы 6-æм æфсады 21
æнæхатыр цæф ныккæнынмæ, знаг бынтондæр цъысымы конд куыд æрцæуа, афтæ. Уыцы рæстæджы украинаг 3-аг æмæ 4-æм фронтты æфсæддонтæ дæр æмхуызонæй абырсдзысты æмæ Гит- леры .ног 6-æм æфсадæн хъуамæ ам йæ бындур разила, дæрæк гонд æрцæуа. Чысыл улæфты фæстæ, хи æррæвдзытæ кæнгæйæ æмæ ног операцийæн пълан скæнгæйæ, Плийы фырты æфсæдтæ бацы- дысты ног хæстыты, дæрæн кодтой фашистты 6-æм æфсады, цъысыммæ йæ тардтой. Райсом цыппар сахатæй суанг мæйдар æхсæвмæ арвы бæз- джын мигъау бадтысты æ’мæ згъæлдтой бомбæтæ немыцы хæд- тæхджытæ советон бæхджын-механизацигонд æфсадыл. Бирæ хæттыты федта Иссæйы æфсад немыцы хæдтæхджыты, тых- джын хæсты фæцис немыцаг авиациимæ, фæлæ дзы пыры хуызæн налат хæст æмæ уыйбæрц хæдтæхджытæ базмæлгæ ничи ма федта. Уымæй дæр бæрæг уыд, цас тасы бацыдысты Гитлер æмæ Геринг, уый. Æрцыд зиантæ æфсадыл знаджы бомбæтæй, тынгдæр та бæхтыл, йæ быны фæмард Иссæйы уарзон бæх дæр. Фæлæ уæд- дæр немыцмæ уый бæрц тых нæ разынд æмæ советон æфсады ныфс асæдтой. Бæхджын æфсад æхсæвы, кæд тынг фæлæмæгъ, стыр фæллад æмæ æфхæр*д æрцыд, уæддæр ноджы тызмæгдæ- рæп, ноджы уæндондæрæй тырныдта знаджы æрбацъист кæ- нынмæ. Æхсæвы ист æмæ пырхгонд æрцыдысты, хæдтæхджытæ цы аэродромтæй тахтысты, уыдон. Уым сыгъд æрцыд сæдæгай бомбæхæссæджы, æнæиымæц скъладтæ æмæ техникæ. Ацы хъуыддаг Плийы фырт æфсæддон дæсныдзинадæй иттæг хорз кæй арæзта æмæ оперативон æгъдауæй разамынд æнæ рæды- дæй кæй лæвæрдта, æдзух ахсджиагдæр рæтты йæхæдæг кæй уыдис, уымæ гæсгæ йе ’ппæт æфсад дæр, иу лæгау, æнгом уы- дысты йæ алы фарс æмæ йын рæвдз æххæст кодтой йæ уынаф- фæтæ. Уый фæрцы æфсад æнæкæрон зындзинæдтæй æмæ зын рæттæй уæлахизæй-уæлахизмæ цыдис. Афтæмæй немыцы 6-æм æфсадыл æвæрд æрцыд тæлы. Гитлеры инæлæрттæн сæ бон нал уыд се ’фсадæн командæ кæнын æмæ бардзырд радтой: «Кæ- мæн куыд йæ бон у, афтæ йæхи ирвæзын кæнæд», сæхæдæг лыгъдысты, чи сæ куыд арæхст, афтæ. Советон æфсады разырдыгæй æмæ чъылдымырдыгæй æм- хуызон ныббырстæй, немыцы æфсад куыд сæрра æмæ йæхи дæр куыд нал æмбæрста, уымæн йæ бирæ æвдисæнтæй иу уыд ахæм: фашистон 6-æм æфсад лыгъд фæстæмæ украииаг диууæ фронты тыхджын ныббырстæй. Чъылдымырдыгæй та сын сæ фæндæгтæ бацахста Плийы фырты æфсад æмæ сæ цагъта æнæ- вгъауæй, уацары сæ иста мингæйттæй, хæцæнгарз æмæ мулкæй сын аласын ницы уагъта. Уæд иу афоны Плийы фырт йæ опе- ративон къордимæ лæуд фæцис, дыууæ дивизийы астæу дзæ- ’гъæлæй кæм аззад, ахæм ран. Афтæмæй йæм йæ автоматчик- 22
тæ фæхабар кодтой, æрхæстæг кæнынц знæгтæй бирæ æфсæд- донтæ, зæгъгæ. Иссæ хорз .æмбæрста, йæ ныхмæцæуæг фыдгултæ ныр- тæккæ дыууæрдыгæй уæззау цæфы фæстæ кæрæдзи бамбарын- хъом кæй нал сты, уый. Æмæ та ныфсхастæй æрлæууыд сæ ныхмæ: «Иу æфсæддон хайæн дæр æвыдæй ауадзæн нæй!» Иссæйы хъæбатыртæ цæхгæр æрыхгæдтой тарст знæгты фаендæгтæ. Æхсæвыгон хæстыты бынтондæр пырхгонд æрцыд, Гитлер Сталинграды маст райсынмæ цы ног 6-æм æфсад бап- пæрста Украинæйы фронтмæ, уый. Иу фоидз мин салдаты æмæ афицеры райстой уацары. Трофейтæ цас ист æрцыд æмæ фыдгултæй цагъды цас фæцис, уыдæтты бахынцынмæ дæр нал æвдæлдис махонты. Плийы фырты рейдонтæ фронты размæбырсæг æфсæдтимæ куы баиу стьи, уæд та сын лæвæрд æрцыд ног æмæ ноджы стырдæр хæс — Одессæйы горæтмæ чъылдымырдыгæй ныб- бырсын. Чысыл1 рæстæпбаулæфты фæстæ æмæхи бацæттæ кæнгæйæ та 1-агбæхджын-механизацигонд æфсад базмæлыд ног ныббырст- мæ фыдгулты фæсчъылдыммæ. Днестры доны былгæрæтты та тымыгъау афсæрста Иссæйы æфсад æмæ дымгæмæ дардта фыдгулты, уæгъд кодта знаджы дзæмбытæй хъæу хъæуы фæс- тæ æмæ горæт горæты фæстæ. Раздельныйы горæтмæ — знаджы фæск>æбут æфсæнвæн- дæгты егъау æлхынцъмæ ма сæ бахъуыдис 50—60 километры бæрц, афтæ рæстæджы хъæд аивта: мит уарыд æмæ æлыг зæхх слæхъир, цъыфы уæрагмæ ныхстысты. Митуардимæ стыхджын тымыгъ, бæзджын цъæх мигъ хаста бæстыл æмæ развæндаг нал зынди. Уый иуырдыгæй махонты пайдайæн уыд—знаджы авиаци нал змæлыд, фашистты танктæ æмæ хæдтулгæ артилле- рийы бон дæр нал уыд феггуырсынхъом. Фæлæ ахæм зын уавæрты дæр Иссæйы бæхджынтæ сæ бырст нæ фæсабырдæр кодтой, æртыхстысты тыхджын гарни- зоныл, æрæхгæдтой хурныгуылæнырдæм фæндæгтæ æмæ фа- шисттæ Раздельныйы горæты цъысымы бахаудысты. Ныр ныббырсын хъуыдис горæтыл, фыццагдæр та райсын хъæуы æфсæнвæндаджы станцæ йæ бирæ хæрздзаг эшелонти- л1æ, ацæуынæввонг цæттæ паровозтимæ. Ахсджиаг фæн- Дæгты æлхынцъ немыц хъахъхъæдтой тыхджын æфсæддон хæйттæй. Æфсады командир бар дæтты алкæмæн дæр атакæйы фыц- Даг бацæуынæн,, зæгъы: «Кæй бæхджынтæ æмæ танктæ сыстой раздæр, уымæн — стыр кад, бавдисдзынæн Советон Цæдисы хъæбатыры ном р>айсынмæ...4», Фæлæ фæллад командиртæ ныхъхъус сты... Фæстиатгæнæн та уæвгæ нæ уыд. Уæд Иссæ бардзырд радта: — Цæгъдæг дивизион, мæ фæстæ атакæмæ!.. Барвæндæй мæлæтмæ? Чи радта ахæм бар æфсады коман- 23
дирæн? Æгъдæуттæй иу дæр нæ раст кодта Плийы фырты «рог- дзинад», исты йыл æрцыд, зæгъгæ, æррайыл, сæрхъæныл æй банымадтаиккой. Фæлæ тыхст минутты Иссæ ууыл нал хъуыды кодта: цалдæр сæдæ автоматчикы р.азæй бабырста йæ- хæдæг атакæйы. Уый куы айхъуыст йе ’фсæдтыл, уæд иууыл- дæр ныххæррæтт кодтой горæт райсыныл тохмæ. , Фыдгултæ нæ бафæрæзтой стыр тымыгъ бауромын: Раз- дельный — фашистты зæрдæйы тугдадзин — ссæрибар æмæ дзы Иссæ æрывæрдта йæхи комендант æмæ гарнизон. Æфсæн- вæндаджы станцæйы знæгтæй ист æрцыдис сæдæ эшелоны, Германмæ хор, мулк æмэб уацайрæгтæ аласын æввонгæй цæт- тæйæ чи лæууыд, ахæмтæ, стæй бирæ хæстон техникæ æмæ хæлцы скъладтæ. Дыккаг бон, æнæ Раздельныйæ сæ бон сулæфын кæй нал уыд, уый тынгдæр бамбаргæйæ, гитлеронтæ цыппарæрдыгæй ныббырстой горæтмæ, фæлæ сæ къухы ницыуал бафтыд. Ацы горæтæй Плийы фырт йæ тыхтæ сарæзта хуссарьь рдæм, Одессæмæ чъылдымырдыгæй ныббырсынмæ. Хæцгæ æмæ украинæйаг хъæутæ уæгъдгæнгæ та 1-аг бæхджын-механиза- цигонд æфсад фæцыд сæдæ километрæй фылдæр тымыгъ рæс- тæджы фыдвæндæгтыл. Беляевкæ, зæгъгæ, Днестры доны был ахæм хъæуы Иссæ æрфысым кодта æппæты кæронæй иу мæгуыр хæдзары- — У-у, — дæ нывонд фæуон, сырхæфсæддон, гауыр гер- мантæн донуадзæн фехалын ма бауадзут, — Одессæйы цæр- джытæ фæцагъды уыдзысты æнæ донæй! — ныллæгъзтæ кодта зæронд ус æмæ йæ зонгуытыл йæ разы æрлæууыд: — Халынц донуадзæн, цалдæр боны йын йæ быны бомбæтæ æвæрынц... Тагъддæр фехъусын кæн уæ хицауæн. Иссæйы уæлæ уыд хуымæтæджы сæрак кæрц, æгуыдзæг- гомау хъарм худ, æмæ йын æддийæ бакæсгæйæ нæ уыд базо^ иæн, салдат у æви... — Хорз, нæ мады хай, — дзуапп ын радта инæлар: — æцæг стыр хъуыддаг у! Ьеляевкæйы немыцаг гарнизон пырх æмæ уацары ист нæ- \»а ’рцыд, афтæ Иссæ бардзырд радта донуад?æн бынат раздæр æрцахсын æмæ йæ халын нæ бауадзыны тыххæй. Донцъирæн мæсыгыл хъазахъхъæгтæ æвиппайды рæхыс æр.бавæрдтой, арæзтад халæг знæгты ротæ æрцахстой æмæ сæ фехстой сæ бынаты. Мæсыджы æмæ донуадзæны бынæй раппæрстой цал- дæр тонны халæнхос. Сахаты бæрц ма бафæстиат сты йæ рай- сыныл, зæгъгæ, — Одессæ баззадаид æнæ донæй. Ист æрцыд Беляевкæ дæр... ...Фæллад, цалдæр боны æмæ æхсæвы æнæхуыссæг Иссæ тарф фынæй баци. Уый уыди бонцъæхтыл. Фæлæ уайтагъд йæхæдæг райхъал тыхджын уынæрмæ. Акаст уаты къуымты, цæй уынæр у, кæм ’ сты мæ хъахъхъæнджытæ, зæгъгæ.. Адью- ^гант стъолыл йæ сæр æрыппæрста, афтæмæй мæрдон фынæй 24
бацис, ординарец æмæ автоматчик та дуаргæрон лæугæйæ ба- фынæй сты. Инæлармæ уый дис нæ фæкаст, — уыдон бон дæр нал бацис, хуыссæг абырста фæллад хæстонты. Фæлæ йæм хъыг куыннæ фæкастаид, — фынæйæ сæ иунæг фашист дæр ныццагътаид, æмæ Иссæ рудзынгæй" акаст. Хæдзарæй иу дæс санчъехы дæрддзæфдæр цыд хæст: не- мыцаг автоматчиктæ цæхæрадонæй æхстой. — Фæдис! — зæгъгæ, фæхъæр кодта Иссæ æмæ йæ хъахъ- хъæнджытæ дæр фесхъиудтой, сæ хуыссæг æмæ фæллад атары сты, рындзтыл æрлæууыдысты æмæ схæцыдысты командæгæ- нæгмæ бырсæг знæгтыл. Инæлар йæхæдæг дæр æрхауд пуле- меты фæстæ аууоны æмæ лентæ лентæйы фæстæ уагъта атака^ йы цæуæг фашисттыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй Беляевкæмæ ныббырстой дыууæ немыцаг дивизийы, хъуамæ сæхицæн фæндаг айгæр*стаиккой Одессæйы хурныгуылæнырдæм. Фæлæ фыдгулты фæнд нæ ра- уад: тыхджын хæстон атакæты фæстæ Иссæйы гвардионтæ фæстæмæ ратыдтой Беляевкæйы, æрфидар дзы кодтой сæхи гарнизон æмæ бырстой дарддæр Одессæйырдæм. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы æнæрынцой хæстыты фæс- тæ Одессæйы алфæмблай æмæ горæты уынгы дæрæнгонд æр- цыдысты фыдгулы бирæ æфсæдтæ. Плиты Иссæйы Одессæ ссæрибар кæныны фæдыл стыр митинг мыггагмæ сæвзæрста горæты кадджын гражданинæй. Украинæйы быдырты æмбисондхæссæч рейдты фæстæ Сæйраг Советы Преиздиум Иссæйæн саккаг кодта Советон Цæдисы Хъæбатыры номæмæ Ирыстоны хъæбатыр фырты ри- уыл сæрттывта Сыгъзæрин Стъалы. Сырх Æфсад йæ размæ бырст тыхджынæй тыхджындæр кодта... Нæ паддзахады арæнтæй советон æфсады разæй ба- хызтысты Плийы фырты гвардионтæ. 1943-æм азы сæрды райдыдтой Белоруссийы суæгъд кæ- ныныл хæстытæ. Куы иу ран, куы ин.нæ ран-иу, тымыгъау, фæзындысты знаджы чъылдыммæ Иссæйы æфсæдтæ. Минск уæгъдгæнгæйæ, 1-аг бæхджын-механизацигонд къорды номхæс- сæн операцитæ бацыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дисса- джы историмæ. Инæлар-булкъон Плийы фырты риуæй тæмæн- тæ калын байдыдтой Суворовы æмæ Кутузовы ордентæ, фæса- рæйнаг паддзахадтæй дæр ын фæдфæдыл æрвыстой сæ уæлдæр Дины хорзæхтæ. Уыдонимæ Иссæ райста Рузвельтæй — Аме- рикæйы уæды президентæй, уыцы паддзахады уæлдæр хæстон хорзæх. Хæсты уылæн бахæнцæ Руминмæ, Болгаримæ, Чехослова- кимæ, Германмæ. Плийы фырты гвардионтæ та иттæг дæсныйæ равдыстой сæ номхæссæны арæхстдзинад æмæ æнæкæрон хъæ- батырдзинад Яссæ-Кишиневы, Дебрецены, Будапешты, Прагæ- иы, Балатоны цады былыл стыр операцитæ. 25
Фашистты ахстон — Берлин саст æмæ ист æрцыд, дуне- йыл айхъуыст советон адæм æмæ йæ æфсады уæлахиздзинад. Уæддæр ма Плиты Иссæ йæ гвардионты разæй уыд карв хæс- ты, — Балатоны цады былыл дæрæн кодта фашистты фæстаг лæгæт. Цæвиттон, Карпаты хæхтыл уæззау хæстытæ фесты, Иссæ- йы гвардион корпустæ райстой горæт Братислава, бацыдысты Прагæйыл хæстыты... Немыцаг фельдмаршал Шернер фашист- ты æмбырд» кодта Балатоны цады былтыл, хæхты æмæ хъæд- бынты... Хæст фæуды тыххæй Берлины фыст æрцыд, Герман йæхи састыл æмæ пырхгондыл кæй нымайы, ахæм бадзьлрд. Бæстæйыл айхъуыст хæст фæци, зæгъгæ. Фæлæ фельдмаршал Шернер йæхи банымадта Гер-маны хицауыл æмæ æфсæддон уæлдæр командæгæнæгыл, æрæмбырд кодта йæ дæлбар иу сæ- дæ минæй фылдæр æфсæддон хæйттæ æмæ хъуамæ «хæцыдаик- кой фæуæлахизы бонмæ».. Уыдысты’мæсты æмæ хъуамæ райс- таиккой Германы гитлерон паддзахады ныппырхы маст. Иссæ Мæскуыйæ, уæлдæр командæгæнæгæй райста бар- дзырд æнæсæттон налат Шернеры ныффалгæрон кæныны тых- хæй. Зæххьт къорийыл æппæт адæмтæ дæр хæсты фæудыл цины куы æвдылдысты, уыцы бонты та Плийы фырты гвардион кор- пустæ уыдысты тугкалæн карз хæстыты, фельдмаршал Шернеры æфсæдты хурхыл рæхыс рæхысы фæстæ тыхтой, афтæмæй сæ тынгæй-тынгдæр æлхъывтой æмæ сæ фаркгай кодтой. Шернер, йæ сæфт æрцыд, зæгъгæ, уый куы бамбæрста, йæ уд хъардта Мюнхенырдæм лидзыныл, йæхи æмæ йе ’фсады пырхæнтæ америкаг-англисаг æфсæдтыл бафæдзæхсынмæ, цæ- дисон падДзахадты æхсæн хæст бацайдагъ уыдзæн, зæгъгæ, уый æнхъæлæй. Цалдæр боны æнæрынцой карз хæстыты пырхгонд æмæ саст æрцыдысты фашистты налатдæр æфсæд- дон хæйттæ. Фельдмаршал худинаджы лыгъд фæкодта æмæ йæхи радта америкæгтæм. Дунеон 2-аг хæст Европæйы фæцис Плиты Иссæйы гвар<- дионты фæстаг гæрæхтыл. Ацы фæстаг хæстыты Иссæ йæ диссаджы æфсæддонты разæй фæцис хъæдгæмттæ бæстытæ æмæ контузигондæй, — нæма йæ æвдæлд йæ цæфтæ дзæбæх кæнынмæ. Æмæ фыццаг хатт афтæ нæ уыд. Украинæйы йæ номхæссæн рейды фæцæф йæ сæр, фæлæ йæ рахъæр кæиын нæ бауагъта: зæрдæсæттæн уыдаид йæ хæстоитæн, æндæр ницы пайда радтаид. Æнцон бауромæн нæ уыд сæры цæф, фæлæ йьгн æнæуромгæ дæр нæ уыди. Йæ бынаты æндæр уæвгæйæ — ацыдаид госпиталмæ дзæбæх кæнынмæ. Иссæ нæ ныууагъта йæ гвардионты сахаты бæрц дæр искæй бар. Уымæй ноджы тынгдæр æмæ арфдæрæй равдыста йæ æнæкæрон хъæбатыр- дзинад, йæ æвидигæ уарзондзипад йе ’фсæдтæм æмæ йæ Рай- гуырæн бæстæм. ,26
IV- ИССÆЙЫ УЛАН-КУЛАНТÆ* НАЛАН-УЛСЫ** БÆСТÆЙЫ Нæ хъæбатыр æфсæддон разамонæджы тохы фæндаг фæ- цыд Мæскуыйæ Сталинградыл, æппæт Украинæйыл, Молдави- йыл, Румыныл, Чехословакийыл, Балатоны цадыл суанг немы- цаг Мюнхенмæ уыдис æнæрцæугæ æмæ æнæфехъусгæ аргъауы хуызæн. Фæлæ йæ хæстон цаутыл ацы очеркы цыбыртæй ра- дзырдтам. Æмæ нын хуыздæр фадат дæр нæ дæтты ацы афæл- гæсты «къаннæг быдыр». Европæйы хæст æрынцад. Мæскуыйы Сырх фæзы Ленины мавзолейы раз4 цæгъдтæй амад æрцыдысты Гитлеры æфсæдты чъизи æмæ æлгъаг тырысатæ. Уæлахизы бæрæгбоны парад фæ- цис æмæ райдыдтой куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæ, намысджын советон хæстонты мысæн бонтæ, кады цыртытæ æвæрæн рæс- тæг. Сау дардтой, йæ дарджытæ кæмæн нал æрыздæхтысты то- хæй, уыдон. Кремлы уæлахизы боны фæдыл стыр бадты, Иссæйы цæ- рæнбонты тыххæй сæрмагонд гаджидау рауагътой. Уый фæстæ йæм хистæртæ басидтысты æмæ йын загътой: — Плийы фырт, цæттæ дæ Дард Хурыскæсæнмæ балцы цæ- уынмæ? Фæстиатгæнæн дын нал ис Мæскуыйы... — Парти æмæ Советон хицауады бардзырд сæххæст кæнын- мæ кæддæриддæр цæттæ! — цыбыр дзуапп радта Иссæ... Советон арвы кæрон — Читайы бомбæтæ нæ хаудтой, сар- мадзанты гуыр-гуыр дæр дзы нæ хъуысти, фæлæ 1945-æм азы æрæгвæззæг уыд фронтон горæты хуызæн. Ам æрфысым кодтой Фæсбайкалы фронты штаб æмæ æфсæддон хæйттæ, ПлитыИс- сæйы номдзыд 1-аг бæхджын-механизацигонд къорд сæ ас’тæу, афтæмæй. Къорды уыдысты æфсымæрон Монголийы адæмон республикæйы бæхджын дивизитæ дæр. 8—9 августы æхсæв. райдыдта Японы импер.иалистон тых- гæнæг æфсæдты ныхмæ иыббырст. Советон æмæ монголаг æфсæдты иыхмæ лæууыд Квантуй- наг стыр æфсад, зæххы къорийыл тыхджындæр æмæ æнæба- сæттондæр кæй хуыдтой, уый, стæй химидæг Монголы бирæ бæхджын дивизитæ сæ тыхджын фидæрттимæ. Сæ хæстон фæн- даг — сæдæгай километртæ æнæкæрон быгъдæг Гобийы бы- дыртæ, кæрдæджы хал, бæласы къудзи æ’мæ доны хуыпп уды- хосæн ссарæн кæм нæ уыд, ахæм, арвау сыгъцæг фæтæнтæ.Уы- дон астæу — Китайы стыр къул — æнусон бæрзонд æмæ фæ- тæн сисамад, æвæндаг Хинганы хæхтæ æмæ Японы империа- листтæ дыууиссæдз азы дæргъы цы фидæратæ фæцарæзтой арæнтыл, уыдон. Утæппæт зындзинæдтæ басæттын æмæ Химидæг Монголы, * Улан-Кулан — монгойлаг адæмон эпосы зынг бæх, ирон адæммæ Уас- тырджийы бæх кæй фæхонынц, ахæм. ** Налан-Улс — афтæ, Хуры Бæстæ, хонынц япойнæгтæ сæ паддзахад. 27
Маньчжуры æмæ Японы æфсæдты ныппырх кæнын Долонноры, Жэхэйы, Чжанбюйы æмæ Калганы районты фидæрттæ сисын уыдис Плийы фырты æфсæддонты сæйрагдæр хæс. Фронты ко- мандæгæнæг маршал Малиновский ныббырсты райдианы размæ Иссæйæн загъта: — Ахæм æфсæдтæн раст разамынд дæдтынæн фаг нæу æрмæст командæгæнæджы хæстон дæсныдзинад. Уыимæ ма дæм хъуамæ уа стыр хæлары сыгъдæг зæр.дæ дæр. Цæй, амонд- джын сахат фæуæд райдайæн! ■ Маршал раст амыдта. Фæлæ командæгæнæджы ахæм стыр миниуджытæй Иссæ хъуаг нæ уыд. Хæсты размæ дзæвгар рæс- тæг фæцис Монголы æфсæдты æхсæн инспекторæй æмæ сын хорз зыдта сæ джигитдзинад, хæлæрттæ дæр ын дзы чысыл нæ уыд. Ныртæккæ, ацы стыр стæры йæ фарсмæ лæууынц йæ хæ- дивджытæ — монголаг хæлæрттæ æм.æ дæсны æфсæддон ар- хайджытæ — Ю. Цеденбал æмæ инæлар-лейтенант Лхагвасу- р«эн. Дыууæ адæмы æфсымæрон хæлардзинад фидар кæй у, æмæ æфсæдты уæлахиздзинады стыр мæцъис кæй у, уый сын гуырысхойаг нæ уыд. Командæгæнæджы хъавд уыдис знæгты фидæрттыл æвип- пайдьт ныббырст, сæхи бацæттæйæн сын фадат куыннæ фæуа, æгуыдзæгæй сæ куыд æрцахстаиккой, афтæ. Уый тыххæй та хъуыд, цас амал уыдис, уымæй тагъддæр размæ бырсын, фыд- гулы хъахъхъæнæн раззагдæр бынæттæ æмæ разведкæгæнджы- ты æрцахсын, сæ бастдзинад сын фехалын. Æмæ уый ныр, ныббырсты фыццагдæр сахæттыл, уыдис Иссæйы егъаудæр сагъæс: къухы бафтыд æви нæ знæгты æдзæттæйæ баййафын? Йæ оперативон къор«дмæ командæгæ- иæг цыдис йæ размæбырсæг æфсæдты астæу. Мæйдар фæсæм- бисæхсæв, стъалыджын арв, уæнгтæ роггæнæг уадсым, сæдæ- гай моторты гуывгуыв, барджыты сæрмæ уæлдæфы бадæг змис рыджы мигъ, сармадзанты æрвнæрæгау гуыргуыр, «катю- шæты» цæхæр, пулеметты къæр-къæр... Ныббырст уæрæхæй-уæ- рæхдæр æнхъæвзта Гобийы æнæкæрон быдырты, операцийы пълан куыд конд уыд, хъуыддæгтæ уымæй цыдысты рæвдздæр. Хур цæхгæр ныллæууыд бырсæг æфсады сæрмæ æмæ йæ тынтæй цæхæр артау сыгъта хæстонты. Уый ныртæккæ фыдбы- лыз уыд хус тыгъд быдьфы, дойныйæ скъуыйын кодта адæмы æмæ бæхты, моторты дон дæр фыхти æмæ сысыд. Дон ссарын та удыхос ссарынæй зындæр уыди. Знæгтæй цы цъайтæ ист æр- цыд, уыдонæй спайда кæнын та тæссаг уыд: фыдгулты сæрма- гонд командæтæ сæ марг ныккалдтой. Зынгау тæвд уæлдæфы рыг æфсæддонты хъуыртæ æхгæд- та æмæ-иу улæфæнтæ амыр сты, фæлæ бырстæн бауромæн нæ уыд. Фыдгултæ сæ бирæ тыхты æрбамбырд кодтаиккой æмæ уæд бырст фæхуыдуг уыдаид, æфсæдтæ кæрæдзи æнæхъуа- д^кы цагътаиккой, дыууæрдыгæй зиантæн кæрон нал уыдаид. Иссæйы гвардионтæ хæлар монголаг бæхджынтимæ цыбыр 28
рæстæгмæ сæ зонгуытыл æрлæууын кодтой император ПУ И æмæ кънйаз Дэ-Ваны налатбирæ æфсæдты. Æмризæджы ризын байдыдтой Маньчжурийы æппæт хæстон тыхтæ дæр Плийы фырты Улан-Кулан гвардионты æрвдзæфау тыхджын гуыппы- тæй... Стыр Хинганы хæхтыл бырсæн рæстæг райдыдтой тыхджын къæвдатæ: кæмтты дæттæ раивылдысты æмæ сæ хъæлæсы ра- хастой хидтæ æмæ мæгуырау къуындæг фæндæгты, лæбырдыс- ты хæхтæ æмæ лæсæнтæй кæмттæ æхгæдтой. Къуырийы дæргъы хурмæ судзгæ тынтæм дзæгæрæг кæны- нæй фæлмæцыд æмæ æнæ донæй тыхст æфсæдтæн къæвда фе- нын æхсызгон куыннæ уыдаид! О, фæлæ, хæхтæ, хæхтæ! Хид- тæ! Фæндæгтæ! Æнæ уыдонæй æгомыг къæдзæхтыл цæуæнтæ ис! Хæхты хъæбул Иссæ хорз зыдта, хæхты æфсæддон тыхтæн куыд зын архайæн у, уый, æмбæрста, фыдкъæвдаты фæстæ дæр æфсæдтæн сæхицæн аразинаг кæй уыдзысты фæндæгтæ æмæ хидтæ дæр, уый. Æмæ йын штабы хицау куы загъта: ахæм рæстæг хæхтыл бырсæн нæй, Жэхэйырдæм бырсгы пълан фæстæдæрМæ аргъæвæм, зæгъгæ, уæд æм Иссæ мæстыгæрæй бакаст. — Къæвдатæ, зæгъыс? Æмæ нын фæстæдæр Японы импе- ратор сараздзæн бырсæн фæндæгтæ æмæ хидтæ Стыр Хинганы лæхты? Æнхъæл нæ дæн!.- Саперты арвит фыццаг хæйттимæ.-. Дивизитæ райдайæнт æвæстиатæй бырсты пълантæ æххæст кæнын. Нæ ныхас фæцис. Рæвдздæр змæл! Æз цæуын разæй- быр-сæг инæлар Коркуцы дивизнмæ... æййафут нæ!.. Айпань æмæ Пэкулины хæхты æхсæн Шандухэ æмæ Луань- хэйы атагъатæ байдзаг сты Иссæйы Улан-Кулантæй. Арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой, ивылд дæттæ фæлдæхтой хæхты фæхстæ. Хаудысты машинæтæ, танктæ, бæхтæ... Лæсæнтæ æмæ сæ ивылд дæттæ æхсныфтау скъæфтой, цыдис уды зиæнттæ дæр. Фæлæ Иссæ зыдта, фыдгултæ сыл цæттæйæ куы сæмбæлой сæ фи- дæртты,æнæнхъæлæджы сæм (Куынæ ныббырсой, уæд мин хатты фылдæр зиантæ кæй æрцæудзæи, уый. Полководец Плийы фырты стырдæр æфсæддон æууæл уыд—уæлахиздзинад къад- дæр туг ныккалдæй райсын. Æмæ дзы ацы æвирхъау хæсты дæр уый рох нæ уыди. Æрцыд горæт Жэхэйыл ныббырсты афон. 19-æм августы сæумæ цъæхæй æвиппайды ныббырсты фæстæ ацы горæты гар- низон — дæс мин æфсæддоны — пырхгонд æрцыдысты æмæ Иссæйы Улан-Кулантæ æрцахстой знæгтæн Пекин æмæ Лао- Дунскы донхæрæнырдæм лидзæн фæндæгтæ... Дард Хурыскæсæны хæст куы райдыдта, уæд америкаг хæс- тон дæснытæ дзырдтой: советон æфсæдты Квантуны æфсады басæттын æмæ йæ фидæрттæ райсынæн бахъæудзæн афæдз, æп- пьш къаддæр — æхсæз мæйы. Фæлæ мæймæ Плиты Иссæйы советон-монголаг Улан-Ку- 29
лантæ Наран-Улсы бæстæйы налатдæр æфсæдты сæ зонгуытыл æрлæууын кодтой, уацары райстой цалдæр сæдæ мии афицеры æмæ салдаты. Японæн иу фидар, иу хуыцау æххуысгæнæг дæр нал фæцис. 9-æм сентябрмæ хæст æрынцад æмæ Плиты Иссæ йæ райгуырæн бæстæмæ æрбаздæхт, йæ хъæбатыр риуыл дык- каг Сыгъзæрин Стъалы бакæнгæйæ. 30
Цугулиты Еленæ АБАЙТЫ ДОХТЫР Абайты Иракъли райгуырд Хуссар Ирыстоны. Дзидзийыл ма уыд, афтæмæй йæ ныййарджытæ ацыдысты цæрынмæ Цæ- гат Ирыстонмæ. Уым, Дыгуры хъæуы, схъомыл æмæ слæг ис Иракъли. Ныфсхаст, цæрдæг саулагъз лæппу Иракъли алыхатт дæр уыдис æмгæртты фидыц, сæ алыгъуызон хиирхæфсæн хъæзтыты цырынгæнæг. Сырх Æфсады йæ службæйы æмгъуыд куы фæцис, уæддæр æй уырдыгæй цæуын нæ бафæндыд. Меди- цинон уæлдæр ахуырад райсгæйæ, уый ногæй ацыд йæ уарзон æфсæддон хаймæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианмæ æфсады Иракъли- йæн уыд æхсæз азы стаж. Æмæ сфæнд кодта уадидæгæн фронт- мæ ацæуын. Абайы фырт цы ’фсæддон хаймæ бахауд, уым уайтагъд фæбæрæг сты йе ’взыгъддзинæдтæ. Се ’фсæддон хайы хæстонтæ æмæ командиртæ йæ рахуыдтой джигит дохтыр. Æмæ уый, æцæгдæр, афтæ уыдис. Бæхыл бадынмæ йыл ничи тых кодта. Бæхыл-иу цыдис сыхаг хъæутæ: Дур-дур, Сындзыхъæу æмæ æндæр рæттæм. Дыгуры уæрæх быдыртыл иу æмæ дыууæ хат- ты не ’рзылдис ныфсхаст барæг. Уæдæй фæстæмæ йыл адæм сæ Цæст æрæвæрдтой, айхуызæн бæхыл бадæг стæм разындзæн, зæгъгæ. Æфсæддон хайы иууылдæр дзырдтой, ома, дам, Абайты Иракъли сæхимæ диссаджы кафаг уыдис. Дзырдтой, зæгъгæ, Уый кафыди йæ къахфындзтыл, йæ сæрыл-иу сæны нуазæн ^раввæп’тта, а&тярмæ^. дкяфыд-иу, нæ фыдæлтæ тынгдæр сæрыс- тыр кæмæй уыдысты, уыцы националон кафт. Иу рæстæджы Уымазн йæ бон уыд аст æлвæст хъамайы сæрты кафын. Фæлæ зефсæддон хайы ничи ма федта Иракълийы кафгæ. Кæд æм 31
æмбæлттæ арæх хатыдысты, уæддæр сын нæ разы кодта. Дзырдта-иу сын: — Цы мыл ныйиттæг стут, кафын нæ зонын. Уый Магкойы фырты æрымысæггаг у. Иуахæмы Магкоты Срафил, уый дæр Иракълиимæ иу æф- сæддон хайы уыд, сфæнд кодта йæ хæлæрттæн йе ’мзæххонты кафт фенын кæнын. Лæгъзтæ кæнын райдыдта Абайы-фыртæн: — Цæй, цы дын уыдзæн уымæй, Иракъли? Ракаф. Куы йæ зонын, куыд хорз кафыс, уый. Уадз æмæ дæм æмбæлттæ бакæ- сæнт. Иракъли уайтагъд ферхæндæг. Исдуг æнæдзургæйæ алæу- уыны фæстæ йын дзуапп радта: — Зоныс, мæ хæлар, уымæй мæм мауал бахат. Ныртæккæ хæст цæуы... Кæд мын мыййаг немыцæгтæ афонмæ мæ ныййар- джыты удæгасæй баныгæдтой... бамбар мæ, — кафын мæ бон нæу... Цыд рæстæг. Н-йы æфсæддон хай бирæ фæцыд хæстон фæн- дæгтыл. Æрлæууыд 1943 азы сæрд. Не ’фсæддон хæйттæ размæ бырсын райдыдтой. Зын уыдис уыцы дуджы медсанбаты кус- джытæн дæр. Иракъли смæллæг, хуыссæгæй нал бафсæст. Иæ цæстытæ ма æрмæст раздæрау æрттывтбй. Нал дæр кæрдзын хордта, нал дæр æрынцой зыдта. Цæфтæ бирæ уыдысты. Уы- доны рахæссын хъуыд тохы быдырæй æдас ранмæ, хъуыдис сæ рæстæгыл медицинон æххуыс, госпиталы схуыссын æмæ хос кæнын, тугцухтæн туг радтын, операцитæ саразын. Йе ’мбæлттæ дис кодтой Абайты дохтыры æппæт фæра- зондзинадыл. Санитартимæ иумæ тохы цæхæрæй хаста фæс- фæдмæ цæф хæстонты. Иæ зæрдæ-иу барухс æрмæстдæр уæд, æмæ-иу ын куы фехъусын кодтой, ома, дам, æппæт цæф хæс- тонтæн бакодтам фыццаг æххуыс. Уый фæстæ-иу госпиталы бавнæлдта йе ’хсæвы куыстытæм. Дохтыр Абайы фыртæн ма- иу фынæйы рæстæг кæм баззад? Иуахæмы Н-ы æфсæддон хай æрбынат кодта иу къаннæг цæрæн пункты.’Нæ хæстонтæ фæстейæ сырдтой фæстæмæлæу- уæг немыцæгты. Медсанбат кæмдæр фæстейæ баззад. Æрмæст ма разæй цыдысты Абайы фырт, дыууæ дохтыры æмæ цалдæр медицинон хойы. Абайы фырт бынæттон адæмы æххуысæй ссыгъдæг кодта, немыцæгтæ сæ бæхтæ’кæм дардтой, уыцы скъолайы агъуыст. Цалдæр сахаты фæстæ дзы бакодтой рынчындон. Абайы фырт райдыдта цæф хæстонтæн хос кæнын. —Æмбал хистæр, цы бакæнæм. Бæхуæрдæттæ дæр фæсте- йæ сты. Рынчынтæи хæринаг кæм ссарæм? — загъта радгæс дохтыр. Абайы фырт æм рохст цæстæнгасæй бакаст æмæ йæ къухæй йæ ныхы хид асæрфта. Цæстыфæныкъуылдмæ, æнæ- дзургæйæ, госпиталæй æддæмæ разгъордта. Цалдæр сахаты фæстæ госпиталмæ æрбацыдис цыппар ’бæхуæрдоны æд^ продукттæ. Æрластой йæм сыгъдæг нуазыны 32
дон æмæ хæринаг фыцынæн цæнгæт æгта\ Суг дæр сфæрæз кодтой æвæстиатæй. Бынæттон адæм Сырх Æфсадæн æххуыс кодтой. Уыцы уæззау бонты сæ фæстаг къæбæр дæр лæвæрд- той се ссæрибаргæнджытæн. Цыд рæстæг. Раздæрау та дохтыр Абайты Иракълийæн йæ бынат уыдис фронты раззаг хаххыл. ... Æхсæв. Алцыдæр у сабыр. Элктролы 1цырагъ мынæг рухс кæны рынчындоны æппæт сынтæджытæ. Радгæс медици- нон хо, бонæй тынг бафæллад, афтæмæй, мæгуыр, бандоныл рæдзæ-мæдзæ кодта. Æвиппайды райхъуыст кæйдæр уæззау хъæрзын. Уый сæнттæ цагъта цæф хæстонтæй сæ иу. Медици- нон хо йæ нæ хъусы. Абайы фырт йæ къахфындзтыл сабыргай рацыд йæ кабинетæй æмæ атындзыдта цæф хæстонмæ. Дон ын радта, йæ хъæццул ын барæстытæ кодта, æмæ хæстон æпцад-æнцойæ афынæй ис. Афтæ кодта Абайы фырт æхсæвæй-бонæй. Æфсæддон хайы хæстонтæй йæ бирæтæ хуыдтой сæ ирвæ- зынгæнæг. Медсанбаты кусгæйæ, ахæм цау никуыма уыд, æмæ цæф хæстон дыууæ-æртæ сахаты дæргъы тохы быдыры баз- задаид. Медсанбатмæ цасфæнды цæфтæ цыдайд, уæддæр рæстæг- ыл арæхстджынæй хос кодта номдзыд дохтыр. йæ боны фæтк Абайы фырт дих кодта афтæ: бон фронты раззаг хаххыл, æх- сæв — медсанбаты. Уыцы иу рæстæджы йæ рох нæ уыд, кадртæ бацæттæ кæ- нын кæй хъуыд, уый дæр. Æгæрыстæмæй-иу тохы быдырæй цæфты куы хастой, уæддæр-иу йæ кусджытæн амыдта йæ фæл- тæрддзинад. Гъе, уый практикæ у, зæгъгæ, дзырдта-иу сын арæх. Иу хатт æм бацыдис Срафил. йæ цæсгомыл хъазыдис мид- былхудт, йæ къухы гæххæтты тыхт уыдис цавæрдæр тымбыл дзаума. — Цы мын ратдзынæ, хорз ног хабар дын куы фехъусын кæнон, уæд? — бафарста Иракълийы. — Цы мæ ’рдомай, уый дын ратдзынæн. Бæх дæ хъæуа, жви хъама — ратдзынæн дын сæ, — хъазгæйæ йын дзуапп рад- та Абайы фырт. — Уастырджыйæ дын сомы кæнын, куыд зæгъын æцæг рæстдзинад. «Сырх Стъалыйы» орденмæ дæ бавдыстой. Изæры Абайы-фыртмæ æрæмбырд сты йæ хæлæрттæ: сомиха.г дохтыр — хирург Джагарян Андроник, дивизионы эпидемиолог Келбакиани Шалва, медицинон службæйы капи- Тан, Дохтыр Коротный (Иракълиимæ иумæ хос кодта рынчып- Тæн) æмæ æндæр хæстонтæ. Срафил йемæ æрбахаста зæронд патефон иу цалдæр ихсыд пластинкæимæ æмæ цины зæлты бын фехъусьш кодта æхсызгон хабар. Фæкъæмдзæстыгуæвæг Иракъ- ииæн йæ хæлæрттæ зæрдæбын арфæтæ ракодтой. Хъæлдзæг- æРДæ Срафил дарддæр хъæрæй бадзырды хуызы дзырдта: 3* 33
— Цæй, бадгæ скæнут, астæуæй бынат суæгъд кæнут. Æмæ, гæххæтт райхалгæ систа лластинкæтæн сæ ногдæры. Уарзон ирон лезгинкæйы æхцон зæлтæй къуындæг хатæн байдзаг. Иракъли лæууыдис хъуыддаггъуызæй. йæ саулагъз цæсгомыл разындй сабийы мидбылхудт. — Уый циу? — Нæхи ирон кафты мелоди у, — загъта Срафил. Зоныс, ацы пластинкæ æнæнхъæлæджы Змиевкæйы кæй ссардтон, уый? Украинæйы. Хæдзары æфсинæй йæ ракуырдтон. Æгæрыс- тæмæй ма йын зæрдæ бавæрдтон, дæ чызджы дын ракурдзы- нæн, зæгъгæ. Ныр æй кæдæй нырмæ рахæсс-бахæсс кодтон ме- мæ, уый куы зонис. Тарстæн ын сæттынæй. Цæ’й, цы лæууыс? ~ базгъорста Иракълимæ. — Кафгæ кæн .ныртæккæ. Ферох дæ ис дæ хъуыддаг? Ды мын мæ куырдиат хъуамæ сæххæст кæ- най, æхсызгон хабар дын кæй загътон, уый тыххæй. Æви дæм орден ницыуал кæсы, и? Иракъли нырма дæр йæ мидбылты худт, афтæмæй бацыд адæмы астæумæ. Иæхи бадзæбæхтæ кодта æмæ ныззылди. йæ къухтæ дардыл айтындзгæйæ,цæрдæгуадис зиллаччы алыварс. Йæ сæрыл-иу иннæрдæм куы фæхæцыд, уæд-иу йæ цæстытæ æнахуыр æрттывд фæкодтой. Мидбылты-иу уæздан куы бахудт, уæд-иу йæ урс-урсид дæндæгтæ ферттывтой. Æдде адæм чысыл хæдзары алыварс тыгуыр кодтой, кас- тысты рудзгуытæй мидæмæ. — Кæсут-ма, кæсут! — дзырдтой уыдюн, — нæ джигитт дох- тыр кафы. Стыр цины хабар фехъуыста, йæ зæрдæ райы. Иракъли та кафыд æмæ кафыд æвæллайгæйæ. йæ цард- цæрæнбонты афтæ бирæ æмæ зæрдиагæй никуыма фæкафыд.
Хъуылаты Чермен ЕЛХОТАГ РÆСТДЗÆВИН Дидинджыты аныгъуылд май. Хур йæ зæлдаг хъæццулы батыхта хæхтæ æмæ быдыртæ. Цин кæнынц Уæлахизы боныл раздæры хæстонтæ, нæ бæстæйы æппæт фæллойгæнджытæ. Фæ- лæ уыдон æхсæн нал ис елхотаг æвзыгъд лæппу Адырхаты Ха- дзымырзæйы фырт Мураткæ. Мураткæ уыдон æхсæн нал уыд ацы бæрæгбоиы ссæдз азы размæ дæр. Нал фæцард Уæлахизы бонмæ, йæзынг бахуыссыд хæсты быдыры. Йæ цард аскъуыц, фæлæ йæ ном никуы ферох уыдзæн. Стæй ахæм хъæбатыртæн мæлæн нæй. Немыцаг лæгсырдты ныхмæ тугкалæн хæсты нæ цæхæрцæст гуырдтæй йæ райгуырæн Ирыстонæн стыр кад чи скодта, уыдонæй иу у Мураткæ дæр Мæнæ куыд фыста елхоттаг рæстдзæвин лæппу, хистæр сер- жант Адырхаты Мураткæ æфсæддон газеты, «Баййафдзынæн сæ», зæгъгæ, йæ уыцы уацхъуыды: «Нæ ротæйы зындгонд снайпертæ Загайнов æмæ Моревæй фз фæстæдæр райдыдтон немыцыл цуан кæнын. Фæлæ мæ раз- мæ хæсæн æвæрын уыдон баййафын. Фыццаг хатт мæм фаг фэелтæрддзинад нæ уыдис æмæ мæхицæн æрбынат кодтон фа- Ажысы обауыл, немыцæгты раззаг хаххæй иу 100 метры æддæ- Дæр. Мæ цуан хорз рауадис. Фæлæ дзы мæхæдæг дæр удæга- с^й нал раирвæзтаин, нæ пулеметтæй æхсджыты руаджы фæс- тæмæ куынæ рахъуызыдаин, уæд. Уый фæстæ фæхинæйдзагдæр дæн. Нæ акъоппытæй чысыл Р^здæр мæхицæн сарæзтон замманайы æхсæн бынат. Æппын- Ааер никæмæ зындтæн, мæхимæ та тынг хорз зындысты немы- 35
цæгты акъоппытæ. Фæбадтæн дзы дыууæ бопы. Фыццаг бон амардтон æртæ немыцаджы, дыккаг бон — дыууæ. Ныронг уал мæрдтæм барвыстон 14 гитлероны». Ай-гъай, хъæбатыр лæппу уыдис Мураткæ. Хъæбатыр хæс- тон æмæ хорз агитатор. Уымæн æвдисæн сты хæсты азты æф- сæддон газетты уацхъуыдтæ. Иуы дзы кæсæм: «...Размæбырсты рæстæджы диссаджы хъæбатырдзинад равдыстой сержант Адырхайы фырт, салдæттæ Пугачев, Вершинин æмæ æндæр- тæ»... Иннæ ран кæсæм: «Алы агитатор дæр беседæмæ йæхи ба- цæттæ кæны рагаиау. Зæгъæм, партийы уæнгтæм кандидат, сержаит Адырхайы фырты беседæтæ кæддæрпддæр вæййынц мидисджын, хæстоны разæнгард кæныиц ног уæлахизтæм». Æндæр газеты фарсыл ис Кады фæйнæг, «Афтæ цæвып хъæуы знаджы», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Уым фыст ис: «Сæйраг командæгæнæджы 200 бардзырды фæстæ хистæр лей- тенант Захировы ротæйы снайпертæ скуынæг кодтой 109 немы- цаджы. Мæпæ ротæйы рæстдзæфдæр хæстонтæ æмæ дзы чц цал гитлероны скуынæг кодта, уыдон нымæцтæ: хистæр сер- жант Николай Загаинов — 33, сырхæфсæддон Петр Морсев— 18, хистæр сержант Адырдаты Мурат — 17...» Нæ разы ма ноджыдæр иу æфсæддон газет «Уæлахизы ты- рыса»-йы 1944 азы 27 декабры номыр. йæ раззаг фарсы уæллаг кæрон — Мураткæйæн йæхи къухæй фыст куырдиат: «Хæстон цензурæйæ курæг дæн, цæмæй ацы газет1 ауадзой йæ адресыл. Мæ ныййарджытæн æй æрвитын зæрдылдарынæн». Газеты фыццаг фарс цавæр сæргондимæ рацыдис, уый бæрæг у хуы- зистæй. Бынæй тексты фыст ис: «...Ивгъуыд къуырийы фыццаг бон Адырхайы фырт амардта 1 немыцаджы, дыццæджы — 2, æртыццæджы — 2, цыппæрæмы — 2, майрæмбоны — 3, сабаты - - 4, хуыцаубоны — 2, Загайнов æмæ Адырхайы фырт ныронг скуынæг кодтой 70 гитлероны — æнæхъæн ротæйы бæрц». Къуыримæ— 16 немыцаджы! Мæнæ йæ ныййарджытæм Мураткæйы фæстаг писмо. Уым фыссы: «...Бырсæм размæ. Хъуамæ Берлины сæрмæ тæмæнтæ скала нæ Уæлахизы Сырх тырыса. Ныронг уал мæхæдæг мæрд- тæм барвыстон 32 немыцаг салдаты æмæ афицеры. Æгъаты- рæй сæ куынæг кæндзынæн нырæй фæстæмæ дæр». Уæлахизы тырыса тæмæнтæ скалдта Берлины сæрмæ. Фæ- лæ йæ Мураткæ фæйлаугæ нал федта. Хæсты фæудмæ ма æртæ мæйы баззад, афтæмæй хъæбатырæй фæмард Скæсæн Прусси- йы карз хæстыты. Сау гæххæттытимæ Ирыстонмæ ссыдысты Мураткæйы хъайтардзинады æвдисæнтæ — Сырх стъалыйы орден, «Кады» дыууæ ордены, майдан «Хъæбатырдэинады тыххæй», æндæр майдантæ, Сæйрагкомандæ.гæ'Нæджы цалдæр арфæйы гæххæтты. Абон, Уæлахизы бон, Мураткæ, æмæ уый хуызæн хъæба- 1 тырты нæмттæ мах æрæмысдзыстæм уæлдай æхсызгондæрæй Абон, стæй кæддæриддæр. 36
Бенон Дьшек АГЪНАТЫ ДОХТЫР Варшавæйы воеводствойы Минск — Мазовецкимæ хæстæг Янувы хъæды 1942 азы немыц сарæзтой советон æфсæддон уа- цайрæгты дарддæр æрвнтæн лагерь. Уацайрæгтæ ардыгæй цы- дысты концентрацион лагертæм. Янувы лагеры хъæды барак- тæй иуы уыдис рынчындон. Дохтырæй дзы немыцаг комендант сæвæрдта Агънаты Ильяйы фырт Владимиры. Чи уыдис уыцы дохтыр? Хирург Агънайы фыртмæ поль- шæйæгтæ буцдæрæн дзырдтой «пан Дохтыр».. Афтæ йæ хуыд- той лагеры дæр. 1941 азы Агъиайы фыртмæ фæсидтысты Сырх Æфсадмæ æмæ йæ сæвæрдтой дивизийы дохтырæй. Дивизийыл æртыхс- тысты немыцаг æфсæдтæ æмæ Агънайы фырт уæззау цæфтæй бахауд уацары. Бирæ фыдæбæттæ бавзæрста Могилевы лаге- РЬ1. Фæлæ йе’мбæлтты ’ххуысæй йæ цæфтæ байгас сты. Чысыл фæстæдæр æй гитлеронтæ аивтой Янувмæ. Уæдæй фæстæмæ Агънайы фырт йæ хъыомæт обаста уацайрæгты Лагерь«Янув-1»- имæ. Цы хæлддзаг барак ын радтой, уый «пан Дохтыр» архайд- Та псты хуызы барæвдзытæ кæныиыл. Хинæй æмæ ныфсы руа- ^жы амал кодтахостæ, йæ бон цы уыди, уымæй рынчынтæм ;^ылди. Дохтыр æдзухдæр дзедзырой кодта цардæй мæлæты хсаон. Иинæтимæ абаргæйæ, уый уыдис иу-цасдæр сæрибар-> •^фр æмæ йын фадат уыд уацайрæгты алы къордтимæ æмбæ- льшæн. Агънаты дохтыр лагеры сарæзта сусæгкуыстгæнæг ор- а1»изаци «Мæлæт фашизмæн». Опганизаци йæ разы хæсæп 37
æрæвæрдта лагеры партизанты къорд цæттæ кæнын, æмæ куыд- дæр фадат фæуа, афтæ сæ хъæдмæ æрвитын. Лагермæ хæстæг уыдис Язгарскийты хæдзар. Дыууадæсаз- дзыд Лидæ Язгарская хæдзары цардис йæ мад, йæ хо æмæ йе ’фсымæримæ. Лидæйы фыд, фæндæгты мастер, 1939 азæй фæс- тæмæ уыдис немыцаг лагеры. Иу хатт Лидæ æрцæйзгъордта лагеры ^сындзтел бруйы рæзты æмæ йыл немыцаг хъахъхъæн- джытæй чидæр фехста лæдзæг. Лидæ æрхауд æмæ йæ бон сыстын нал уыди. Хъахъхъæнджытæй йын чидæр фæтæригъæд кодта, систа йæ æмæ йæ ахаста лагеры дохтырмæ. Къах æрæг- мæ дзæбæх кодта, рæсийын байдыдта. Немыцæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди, уацайрæгтæ æнахъом чызджы руаджы æддагон дунеимæ бастдзинад дар- дзысты, уый, æмæ бар радтой операци йын скæныыы тыххæй. Фæстæдæр та-иу Агънаты дохтыр бацыдис чызгæн йæ цæф бæттынмæ. Афтæ бахæлар сты Лидæ æмæ «пан Дохтыр». Немыцаг хъахъхъæнджытæ-иу æмгæрон куынæ уыдысты, уæд-иу дохтыр ныхас кодта чызгимæ, фарста йæ, сындзтелы æдде цытæ цæ- уы, уыдæттæй. Лидæйæн йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, Агънаты дохтырæн цы хабæрттæ дзуры, уыдонæн цы стыр ахадындзи- над ис, уый. Иу хатт та йæм куы бацыдис, уæд æй комкоммæ бафарста, .мыййаг, искуы хæстæг хъæды партизантæ ис, зæгъгæ. Ноджы йæ бафарста, йæ мады æххуысæй йæ сусæг организациимæ æмæ партизантимæ базонгæ кæниккой æви нæ, зæгъгæ. Дыккаг фембæлдæн Лидæ фехъусын кодта, дохтыры фæндоныл йæ мад кæй сразы, уый тыххæй. Фæлæ сылгоймагæн уыдис бирæ фæ- кæсинаг сывæллæттæ æмæ сусæгкуыстгæнджытимæ хи бабæттын афтæ æицон нæ разынд. Сылгоймаг агурын байдыдта сусæг- куысгæнджыты æмæ ацыд Варшавæмæ хæстæг Влохимæ, «Марцелмæ». Афтæ хуыдтой Францишек Марциновскийы, ком- мунисты, Польшæйы кусджыты партийы уæнджы. Фыццаг цы- дæн сылгоймаг Марцелæй æрбахаста æрмæстдæр сусæгæй мы- хуыргонд газетты баст. Афтæ райдыдтой архайын. Рæстæг æнхъæлмæ нæ каст. Лидæ ма Агънаты дохтырмæ цыдис йæ цæф бæттынмæ, фæлæ- иу бабæрæг кодта Марцелы дæр. Немыцæн сæ хъуыдыйы кæ- рон дæр ницы уыд. Лидæ æнахъом кæй уыд, уымæ гæсгæ йæм джигул дæр никуы кодтой. Газетты фæстæ бавнæлдтой хæцæн- гарзмæ. Уыцы хъуыддаг зындæр уыди. Чызг лагерæй æддæмæ хаста дамбацатæ, гранаттæ, æфсæддон дарæс æмæ хостæ. Уа- цайрæгтæ зæххы бынты бакъахтой, лагеры цы немыцаг скълад уыдис, уырдæм æмæ дзы сындæггай давтой, цы сæ хъуыдис, уый. 1943 азы зымæджы фæзынд Марцел, фембæлд Агънаты дохтыримæ, æмæ цалдæр боны фæстæдæр хъæдмæ алыгъд ’советон уацайрæгты фыццаг къорд, уыдис дзы 18 адæймаджы. 38
Лагеры сусæгкуыстгæнджытæ архайдтой бонæй-бонмæ ныфсджындæрæй. Уацайрæгтæм хæццæ кодтой Польшæйы кусджыты партийы сидтытæ, партийы газет «Глос люду», уа- цайрæгты фыст листовкæтæ. Сырæзт организаци «Мæлæт фашизмæн». Цы партизаьты штаб сарæзтой, уый йæ хæсыл нымадта лагерæй лидзынæн фадæттæ аразын. Алыгъдысты та ноджыдæр 25 уацайраджы, уыдис сæм немыцаг хæцæнгарз, ацыдысты хъæдмæ, партизантæм. Немыц мæстæй тъæппытæ хауын байдыдтой. Кæуыл фæ- гуырысхо сты, уыдоны фæрсын байдыдтой Варшавæйы ахæстæт- ты. Семæ бахауд Агънаты дохтыр дæр. Кæд ын цыфæнды фыдмитæ кодтой, уæддæр «пан Дохтыр» ницы схъæр кодта. 1944 азы мартъийы та Агънаты дохтыры руаджы лагерæй алыгъдысты 30 уацайраджы. Ацы хатт немыц сæ пырх калын байдыдтой, кæуыл фæгуырысхо сты, уыдоныл, аластой сæ алы рæттæм. , Язгарская базыдта, «пан Дохтыры» кæй аластой Радоммæ хæстæг Крушины лагермæ. Лидæ уайтагъд уырдæм ацыд æмæ йын Янувы зонгæ чи уыд, уыцы санитаркæтимæ йæхи бабаста. Салитаркæтæ йын куыд радзырдтой, афтæмæй «пан Дохтырæн» кæнынц яевирхъауы фыдмитæ, иунæгæй йæ сбадын кодтой, фæлæ уæддæр комдзог никæуыл рацыд. Уымæй уæлдай Лидæ ницыуал базыдта. Язгарскитæ æи- хъæл уыдысты, зæгъгæ, «пан Дохтыр» фæмард гитлеронты къухы. Карз æмæ æвлрхъау уыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Би- рæ сгуыхтдзинæдтæ бамбæхста йæ тугæйдзаг дзæмбыты бын, уæлдайдæр та фашисттæ цы территори бацахстой, уым чи тох кодта, уыцы хъæбатыр хæстонтæй иу æмæ дыууæйæн мыййаг нæ басусæг сты сæ хъæбатыр тохтæ. Уæлдай тынгдæр та немы- цаг концлагерты сусæгæй фашистты ныхмæ чи архайдта, карз конспиравдйы руаджы чи куыста, уыдон тыххæй бирæ цыдæр- тæ басусæг. Фæлæ цæуы рæстæг. Немыцаг концлагертæй ма раирвæ- зын кæмæн бантыст, дæластæрдон тохгæнæг къордтимæ баст чи уыд, уыдон руаджы раргом сты фашистон коыцлагерты знæгты ныхмæ хъæбатырæй тохгæнæг хæстонты æгъуыстаджы нæ.мттæ. Афтæ раргом сты Владимиры тохы .хъæбатырдзинæдтæ Дæр. Бинонтæм уыдысты, Агънаты дохтыр сæм йæ заманы цы зьшаргъ документтæ радта, уыдон. 1945 азы гæххæттытæ ракъахтой æмæ сæ радтой советон командæкæнынадмæ. Бирæ рæстæджы дæргъы «пан Дохтырæн» йæ кой æмæ йæ хъæр никæцæй хъуысыдысты. 1956 азы Шатурæйæ Янувмæ æнæнхъæлæджы æрцыди фыстæг. Дохтыр йæ хæлæртты нæ ферох кодта. йæ зæрды уыди Полыпæмæ цæуын, фæлæ йæ 39
г.измæ гæсгæ, стæй рынчындоны кæй куыста, уымæ гæсгæ йын фадат нæ фæцис. 1957 азы дохтырæн йæ туг ныццавта сæры магъзмæ. Куы сдзæбæх, уæд та ногæй кусын байдыдта рын- чындоны. Агънаты дохтыр амард 1965 азы, фæлæ хæсты азты кæимæ фембæлди, уыдон ын йæ ном абон дæр ма мысынц ар- фæйагæй æмæ йæ никуы ферох кæндзысты. «Польское обозрение», 1967 азы 5-æм номер.
Цзадтиаты 7\ ДЗАККОЙЫ ХОРЗÆХТÆ Берлин. 1945-æм’ аз. Катуковы номдзыд танкон æфсады мо- гомеханизацигонд батальонтæй иу æмткæй ’рæгъ-рæгъ ралæу- уыд. Цы бæрæгбоны фæдыл? Нæ, ницы ахæм бæрæгбон уыд: афицертæ, старшинатæ, сержанттæ æмæ салдæттæ хъæлдзæг нæ уыдысты. Уырнгæ дæр сæ нæма кодта, сæ уарзон команди- рæй абон хицæн кæнынц, уый. Фæлæ бригады командир инæ- лар Дремов бардзырд бакаст, гвардийы майор Айларты Дзак- ко — 3-аг батальоны командир уæгъдгонд цæуы æфсадæй зæр- диаг арфæйы дзырдимæ, зæгъгæ, æмæ сæ уæд бауырныдта æцæг- дзинад. Алы командиры ахæм цытимæ нæ фæуæгъд кæнынц, уый сæ алчи дæр æмбæрста, æмæ Дзакко фæстаг хатт, ныхыл къухæвæрдæй æмæ сæвджын къахдзæфтæ кæнгæйæ, йæ бата- льоны рæзты куы цыди, уæд йæ цæстысыгтæ бауромын дæр нал бафæрæзта. Цыма йæ уарзон æфсымæртæй хицæн кодта, афтæ йæм касти. Æмæ куыннæ уыдаиккой хорз æфсымæртау уарзон, æфсæддон фæндæгтыл, хæсты цæхæры судзгæ, уый бæрц чи фæцыди, уыдон! Заманхъуйлаг лæппулæг æфсæддон арæхстдзинад æмæ хъæбатырдзинад мады гуыбынæй нæ рахаста. Хæст æй æрæй- йæфТа колхозы парторганизацийы секретарæй. Сидгæ дæр æм ничи фæкодта æфсадмæ. Фæлæ йе’мгæрттæ — колхозы сæрдар Габанты Зауырбег æмæ Дзытиаты Тлаттимæ (райпойы сæр- ДаР) бархийæ ацыдысты фронтмæ. Цыбыр рæстæг æфсæддон а*уыры фæстæ балæууыдысты Белоруссийы Бресты фидары цур. 41
Фьщцаг цæф. Мæй госпиталы Мæскуьшы цу]р. Уырдыгæй — афицеры (курсытæм. Ахуыртæ, афицеры чин. Нæ Райгуырæн бæстæйыл фыдгул цъæх арт уагъта, афтæ- мæй йæ ссæндгæ цыдис, æрбаввахс Кавказы хæхтæм. Дзакко ныр уыд, хæстмæ, кæй цæттæ кодтой, ахæм ротæйы командир Бæрзæфдæгыл. Рапорт рапорты фæстæ лæвæрдта хисгæртæм, фронтмæ мæ ауадзут. Фæлæ йын бар нæ лæвæрдтой, ам æхсыз- гондæр хъæуыс, зæгъгæ. Æмæ, æцæгæй, Дзаккомæ уыдис ф^ел- тæрддзинад — Кубаныл хæстыты йæхи равдыста хъæбатыр æмæ арæхстджын афицерæй. Дыккаг цæф та фæцис Абинскы станицæйыл хæсты. Фы’дызнаджы æфсæдтæ ’рбахæццæ сты Мæздæгмæ æмæ Елхотмæ, бырстой нæ горæтмæ æмæ Грознайы нефтмæ. Кæй бон уыд, лæгау лæгтæй ахæм рæстæг хæстæй фæсфæд лæууын! Уалынмæ фæзынд афицер Дзгойты Мæкко 10-æм гвардион бригады мандатимæ. Амбырд ыл сты йе ’мбæстæгтæ æмæ йæ фарстаты бын фæ- кодтой. — Уæууай, гъе, лæппутæ, Ирыстон хæсты цæхæры куы су- дзы, уæд ма Райгуырæн бæстæйы уæ лæгдзинады сæр хуыздæр кæд бахъæудзæн? — загъта сын Мæкко. — Æмбарæм нæ уавæр, фæлæ хистæртæ бар лæ дæттынц, — уыд ирон лæопуты къорды дзуапп. Уыцы бон Айларты Дзакко, Габысаты Таймураз, Гæриаты Алымбег æмæ Дауырбег фистæгæй фæраст сты Арвыкомыл фроитмæ, Дзæуджыхъæумæ. О, уæд, 1942-æм азы ноябры фыццаг бонты хæст цыдис Джызæлæй Дзæуджыхъæуы астæу, нæ горæты уынгтæ æмæ хæдзæрттыл фашисттæ калдтой бомбæтæ, æхстой сæ сарма- дзантæй, бырстой йæм танкты дзугтæ. 7-æм ноябры Гитлеры фæндонæй хъуамæ нæ горæты уыдаид тыхгæнджыты митинг Кавказы байсты фæдыл. «Нæ, фæлтау мæлæт!» — ард бахордтой советон æфсæд- донтæ. Сæ разæй лæууыд Сырхтырысайы орденджын 11-æм гвардион корпус. Уый хæйтты — матростæ дæр, Мæздæг æмæ Малгобечы астæу стыр хæстыты фæлтæрд гвардионтæ. 10-æм гвардион бригадæн хæсгонд æрцыд знаджы фæс- чъылдыммæ бабырсын, Майрæмададжы цы - денджызон кур- сантты бригад хæцыд, уыимæ баиу уæвын æмæ фашистты быр- сæн фæндаг æрыхгæнын. Зын, фæлæ кадджын хæс æвæрд æр- цыд гвардионтыл æмæ моряктыл — йæ сæххæст кæнын лыг кодта нæ республикæйы столицæ, Арвыкомы фæндаг æмæ Гроз- найы нефты хъысмæт. Гвардионты астæу — ротæйы командир Айларты Дзакко, батарейы командир Дзытиаты Тлатт, пулеметты ротæйы коман- дир Гæриаты Алымбег, бригады политхайады инструктор Дзгойты Мæкко æмæ бирæ æндæр хъæбатыр ирæттæ. I Знаджы чъылдыммæ бырст райдыдта къæвда æмæ мигъ- 42
джын райсом раджы. Алагир — Орджоникидзейы фæндаг —не- мыцаг лæбурджыты сæйрагдæр тугдадзин алыг кæныныл карз хæст цыди 6—7 сахаты бæрц æнæрынцойæ. Фæндагмæ раз- зæгтимæ ныббырстой æмæ йæ æрыхгæдтой Дзакко æмæ Алым- беджы ротæтæ. Знæгтæ уæддæр сæ гæндзæхтæ цагътой фæндаг фæстæмæ сæхи бакæныныл. Дзаккомæ къудзийы астæуæй ныхъхъавыд немыцаг афицер. Фæлæ Айлары-фырты амонд фæ- тыхджындæр: Гæрийы-фырт ауыдта фашисты æмæ маузерæй афæлдæхта лæбурæджы. Хæстон операци куыд снывæзтой хистæр командиртæ, аф- тæ рæвдз æй сæххæст кодтой гвардионтæ æмæ моряктæ. Фа- шисттæй рох дæр æрбацис, горæт Орджоникидзейы митинг кæ- нынмæ кæй хъавыдысты æмæ сын стыр хорзæхтæ ратдзæн Гит- лер, уый. Дыууæ танкон дивизийы æдæфсæдтæ Джызæлæй горæ- ты астæу цъысымы бахаудтой, æмæ, къæппæджы ахст уырытау, сæ гæндзæгътæ цагътой. Уый фæстæ сæ советон æфсæдтæ, дыу- уæрдыгæй бырсгæйæ, сау дæрæн ныккодтой. Афтæ райдыдта Дзаккойы фæндаг Ирыстонæй Берлинмæ. Ам, Майрæмадагмæ ныббырсты, Дзаккойæн . лæвæрд æрцыд фыццаг хæрзиуæг — майдан «Хъæбатырдзинады тыххæй». Дзакко цыд дарддæр ’йæ ротæйы разæй цыты хæстон фæн- дæгтыл. Ралæууыдысты та Кубаны бæстæ ссæрибар кæныныл тохтæ. Ротæ бацыд джебогътæй хæсты Молдаванскæйы стани- цæ райсыныл. Знæгтæ нæ састысты. Дзаккойы ротæйæ уыдысты дыууæ-æртæ хатты фылдæр æмæ сæ сæрмæ дæр нæ хастой али- дзын. Фæлæ уæрæсейæгтыл кæд чи фæтых джебогътæй хæсты! Фæкарздæр та хæст. Фашист Дзаккойы æрбарæхуыста æмæ йæ джебогъ ронбасты бын фæсагъд. «Æгъа, кæс, уæдæ, дæхимæ!» — фæхъæр кодта Дзакко æмæ йæ джебогъ знаджы риуы фæ- сагъта. Рæхуыст зæрдиагæй уыд, джебогъ знаджы фæсонтæй акаст. Ротæйы салдæттæ уый куы ауыдтой, уæд сæ хъæбысхæст фæтыхджындæр. Станицæйы уынгтæ æмæ алфæмблай æдзæ- мæй баззад бирæ знæгтæ. Дзаккойы риуыл та æрбынат кодта Сырх Стъалыйы дыккаг орден. Госпиталæй Айлары фырт бахауд Катуковы гвардион танкты æфсадмæ батальоны командиры хæдивæгæй. Танкисттæ æмæ мотомеханизацигонд батальонтæ бырстой æмæ бырстой размæ. Фашисттæй ссыгъдæг Белорусси. Бахæццæ сты Польшæмæ. Познаныл хæстыты Дзаккойæн лæвæрд æрцыд польшæйаг æф- '-æддон орден. Ам фæцæф комбат. Иæ бынаты æрлæууыд Ай- •тары фырт, æмæ ятакæ иу минут’ дæр нæ фæкъуыхцы, — фашисттæ фæлыгъдысты æмæ фидар ахстон æрцарæзтой хъæу Шифенбайы.' Ацы ахстон иыппырх кæнын æмæ знæгты уацары райсыны *а>с бригады командир сæвæрдта Айлары фырты батальоныл. — Ды тынг хорз арæхсыс хæсты быдыры, — загъта йын комбриг Дремов. — Дæ ног хæс дæр та сæххæст кæндзынæ ка- Димзе. Уæлахиз у! 43
Батальоны разведкæйы хистæр Соколенко комбатмæ ’рба- хаста хорз хабар: «Фрицтæ сæ аходæныл бадынц, — нæ зо нынц, хæстæг сæм стæм, уый...». Æвиппайды ныббырстæй Дзаккойы батальон хъæуыл юртыхстис. Фашисттæ фыртæссæй арæхсгæ дæр нал скодтой советон цæргæстæм сæ танктæ æмæ сармадзантæ, пулеметтæ æмæ автоматтæ раздахылмæ. Салдæттæ æмæ афицертæ сæхи уацары радтой. Тынг бирæ танктæ æмæ машинæтæ та ист æр« цыдысты æнæхъæнæй. Айлары фырты ахæм сгуыхтдзинад бæрæтонд æр/цыд ног орден æмæ æфсады командæгæнæджы сæрмагонд арфæйæ. 1945 азы апрелы фæстаг бонты Дзаккойьг баталон, танк- 1ыл бадгæйæ, фыццæгтимæ бафсæрста Берлинмæ. Иннæ сове- тон æфсæддонты хуызæн, алы къахдзæф, алы тигъ, алы хæдза- ры уат æмæ уæладзыг иста карз хæстæй, удуæлдай бырстæй... 2-æм май. Берчлиныл хæстытæ æрсабыр сты. Фашистты лæ- гæт сау дæрæнæй лæууыд. Дзакко каст, . рейхстагыл советон сырх тырысайы дари дымгæ куыд фæйлыдта, уымæ... Фарастæм май. Советон адæм æмæ хæстон тыхты стыр на- мысы бæрæгбон ирон лæппуйы номдзыд батальон’дæр иннæ цытджын æфсæддон хæйттимæ салют лæвæрдта Уæлахизы боны’ кадæн. Ацы бон Дзаккойы риуыл иннæ хорзæхтимæ конд æр- цыд Сырх Тырысайы орден æмæ цалдæр майданы. Афицеры планшеткæ та уыд æмдзаг арфæйы гæххæттытæй. — Фесæфæд хæстæн йæ кой дæр! Нæ кæстæртæ йын йæ уынæр дæр макуыуал фехъусæ,нт!—фæзæгъы Дзакко алкæд- дæр. Æмæ хæстæй йæхи удæн нæ фæтæрсы æмæ афтæ уымæн нæ фæдзуры. (
Толпарты Сослан ЛÆДЖЫ СÆР КУЫ БАХЪУЫД, УÆД... Рæстæг кæй фæбур кодта, сæ фыстытæ ма тыххæй кæмæн зынынц, уыцы документтæ фæлдахын. Кæсын кæйдæр царды цаутæ цыбырæй. «1920 аз, 19 январь, Иугонд Советон къорды рæнхъон, го- рæт Владикавказ». Уый фыццагдæр фыст æрцыд йæ цардвæн- даджы чиныджы. «1940 аз, 15 июль. Æрыдоны райæххæсткомы кадрты ха- пады хицау». Уый та у фæстагдæр фыст. Ссæдз азы, æдæппæ- тæй ссæдз азы ахаста Айларты Томайы фырт Илларионы фæл- лойадон фæндаг. Фæцис Стыр Фыдыбæстæйон .хæст. Дыууæ æмæ ссæдз азы рацыд уыцы райдзаст уалдзыгон бонæй. Уыцы рæстæгмæ сы- ваэллон лæг кæны.' Фæлæ Илларионы чи зыдта, кæимæ куыста, уыдон зæрдæты баззад цыппораздзыд лæппулæгæй. Абон ба- фæрс кæйфæиды рассветаг зæронд лæгтæй, чи уыд Айларты Илларион, зæгъгæ. Радзурдзæн дын йæ хорз хъуыддæгты тых- хиг»й, йæ тох, йæ зонд, йæ мæлæты тыххæй. Зын у искæй зæрдæйы хъæдгæмттæм æвналын — сæ фыц- Цаджы рис та сног уыдзæн; Илларионы хотæ, ныххатыр мын кæнут, ногæй та уæ цæстысыгтæ куы ’ркæлой, ногæй та ацы кадджын бæрæгбоны уæ хæдзары афтид бандонмæ куы фæком- коммæ уат, уæд. Ма зилут доны уæ цæстытæ, ма скæнут абон 45
фынджыдзаг нæ ирон æгъдаумæ гæсгæ. Куыд зæгъæн ис «амард» хъæбатырæй? Илларионы хуызæттæ нæ мæлынц. Ууыл у абон нæ ныхас, Бæргæ, куы уаид не ’хсæн абон, мах хъусиккам йæ сабыр хъæлæсмæ, кæсиккам йæ фæлмæн цæстæнгасмæ. Фæлæ... фæлæ хæст хæст у, æнæ зиан.нæ вæййы. * * -* Уыцы изæр хæрзæрæджиау æрбацыд сæхимæ Айларты Ил- ларион. Биноитæй ничима схуыссыд. Иууылдæр æнхъæлмæ кас- тысты сæ уарзон æфсымæр, лæг æмæ фыдмæ. — Ницы та рауад мæ хъуыддагæй абон дæр! — арф ныу- улæфгæйæ, загътг Илларион. — Ды, дам, ам дæр сбæздзынæ* Рæуджытæ, дам, хъыгдард сты. О, хъыгдард сты, фæлæ Мæнæ ацы цæигтæ нырма, лæгæй-лæгмæ кæмæ бацæуон, уый ныххурх кæндзысты... — Æхсæвæр нæ кæныс? — бафарста йæ йæ бинойнаг Любæ. «Æхсæвæр... Цымæ ме ’мбæлттæ æмæ ме ’мгæрттæ дæр ныртæккæ æхсæвæрыл сты?» Уыцы рæстæг дуар æрбахостæуыд. Уазæг мидæмæ не ’рба- цыд. Илларион йæхи арæвдз кодта æмæ феддæдуар. Бинонтæ кæрæдзимæ бакъултæ кодтой сæхи, ныр цы кæнæм, зæгъгæ. Еналдыты Хетæг. Къостайы хъæуккаг. Уыдис советон тæ- хæг. Уыдис, фæлæ разынд мæнгард, уæйгæнæг. Хæсты фыццаг бонты радта йæхи немыцæгты къухмæ æмæ æрвыст æрцыд ди- версантæй йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Хетæг абырæгау зылдис йæ цалдæр æмбалимæ, æндзæрста колхозон фермæтыл арт, мардта тæккæ активондæрты. Зылдысты йæ фæстæ республи- кæйы мидхъахъхъæнынады кусджытæ, фæлæ йыл нæ хæст код- той. Уыцы изæр Райгуырæн бæстæйы уæйгæнæг Еналдыты Хе- тæг æрбацыд Рассветмæ, йæ хæстæджытæм. Ам, Рассветы, цар- дис йе ’рвад Еналдыты Настя, Бирæгъты чындз. Настя рагæй хъуыста Хетæджы æвирхъау миты хабар. Ныр саг фæрæтмæ ’рцыд. Настя фехъусын кодта коммунист- тæн Хетæджы хабар. Гъе, уымæн фæраст ис фæлладæй æнафо- ны Илларион дæр йæ хæдзарæй. Бауынаффæ кодтой: Хетæг цы хæдзары ’мбæхсы, ууыл æр- тыхсдзысты коммунисттæ. Уатмæ æууæнкæй бацæудзæн Настя> йæ хæдфæстæ та Илларион багæпп кæндзæн. Кæд Хетæг хæ- цæнгарзмæ февнала, уæд Настя Хетæгыл ныттыхсдзæн. Уæд- мæ Илларион æмæ йæ фæстæ цы ’мбæлттæ ’рбацæуой, уыдон æй æрцахсдзысты æмæ йæ сбæтдзысты. Сæ фæндон куыд уыд, афтæ рауад. Ацы тæссаг операцийы Настя æмæ Илларион сæ- хи равдыстой стыр хъæбатырæй. Хетæг ахст æрцыд. Фронт хæстæгæй-хæстæгдæр кодта Ирыстонмæ. Рассветы колхозы партион организацийы секретарь Айларты Илларион 46
æмæ колхозы къæбицы хицау коммунист Еналдыты Настя сæ куыст кодтой. Уыдис сæ хæстæнгас сабыр, <сæ фезмæлд — рог. Нал ацыди’с Илларион æфсæддон комиссариатмæ. Ныр бæл- вырд зыдта йæ хæс. Фашисттæ ’рбахæццæ сты Рассветмæ. Илларион баззад хъæуы, фæлæ æмбæхстæй. Бонæй-бонмæ æнхъæлмæ кастис партизанты æрвыст лæгмæ, цæмæй уымæн фехъусын кæна бæл- вырддзинæдтæ. Ахæм хæс æххæст кодта Еналдыты Настя дæр. Ныронг дæр хорз æмбæрста Илларион Райгуырæн бæстæ- йы ад æмæ аргъ, Фæлæ ныр — бынтон. Зыдта, советон адæм састы бынаты кæй никуы уыдзысты. Ау, уымæн тох кодтам æмæ нын цъаммар знаг фехала нæ цард? Ахæм хъуыдытæ-иу куы кодта Илларион, уæд-иу йæ цæсты раз сыстад йæхи цард- вæндаг. Туалгомы, тибаг хæххон мæгуыр лæг Айларты Томайы хæ- дзары 1901 азы райгуырд сывæллон. Астаздзыдæй цæуын рай- дыдта хъæууон дины скъоламæ, цыппар къласы дзы фæцис каст. Фæндыд лæппуйы дарддæр ахуыр кæнын, фæлæ бинонты авналæнтæ цыбыр уыдысты. Райдыдта кусын лæппу. Æххуыс кодта Томайæн. Уæдмæ ралæууыд 1920 аз. Райдыдта Илларионы тохы фæндаг дæр. Тибы фыццаг фæскомцæдисонтæй иу уыдис Ай- ларты Илларион. Уый фæстæ æвзæрст æрцыд Тиб æмæ Мамы- соны хъæууон Советы сæрдарæй, ахуыр кодта Ростовы комву- зы. Бирæ бæрнон бынæтты куыста зъшгзæрдæ коммунист. Уы- дон се ’ппæт чи ’рхъуыды кæндзæн. Зæрдыл хорз лæууынц æр- мæстдæр кълассон тохы æнæферохгæнгæ бонтæ. Мæнæ Илла- рион йæ дыууæ ’мбалимæ фæцæуы Мамысоны фцæгыл. Æрæ- джы фехъуыста, хъæздгуытæ, дам, æфцæгыл сæ фос скъæрынц Гуырдзыстонмæ. Бауромын хъæуы хъуыддаг. Знаг дæр фынæй нæ кодта. Бабадтысты сæ размæ æмæ сæ фæцæфтæ кодтой. Хуыцау хорз, æмæ нæмыг йæ сæрыл нæ, фæлæ хусыл суад. Уый фæстæ дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ кастис мæлæты цæс- тытæм. Илларион хъуамæ фембæлдаид партизанты æрвыст лæгыл Хетæджы къохы дæле. Рараст ис уырдæм. Æрбадтис иу акъоп- пы æмæ æнхъæлмæ кæсы. Æнхъæлмæ кæмæ каст, уый нæ, фæ- лæ йæ уæлхъус алæууыдысты немыцæгтæ. Уый фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй рагæй агуырдтой фашисттæ Илларион æмæ Настяйы. Сæ къæбылатæ сын фехъусын кодтой, уыдон, дам, уьш æрцахстой уе шпион Еналдыты Хетæджы. Айларты Илларионы мæлæты тьгххæй фыссы Тедтойты Ас- лæмбег йæ чиныг «Цæгат Ирыстон Фыдыбæстæйы хæсты». Илларионы аластой Алагирмæ. Цалдæр боны фæстæ æр- Цахстой Еналдыты Настяйы дæр. Илларион æмæ Настя цы ахæстоны бадтысты, уым бадтис хъæбатыр сылгоймаг Баситы Чабæхан дæр. Рассветаг лæппу 47
’мæ чызг дæр Чабæхаиау пе’ркъул кодтой сæ сæртæ. Æмраст кастысты мæлæты дзыхмæ. Илларионæй немыцæгтæ агуырдтой Рассветы æмæ Æры- доны рапоиы коммунистты номхыгъдтæ, домдтой, цæмæй зæ- гъа, коммуиисттæй чи кæм æмбæхсы, уый. — Æз уын ницы зæгъдзынæн,—уыдис Илларионы дзуапп. — Мах дæ сдзурын кæндзыстæм... — æмæ та-иу ногæй рай- дыдтой сæ фыдмитæ. Ацы хатт дæр та сæ къухы куы ницы бафтыд, уæд ын топ- пы джебогъæй скъахтой йæ цæстытæ. Æрдæгмардæй йæ бап- лæрстой камерæмæ. Дыккаг бон йæ разы дзуццæджы ’рбадт пъæлицæйы кусæг, иронау æм дзуры, зæгъ, дам, сын исты æмæ дæ кæд удæгас уæддæр ныууадзиккой. — Нæ дæ уынын, — загъта Илларион, — æндæр дын дæ цæстытыл бату кæпин, цъаммар куыдз! Дæхи хуызæн мæ хо- ныс, æнаккаг?! — Уæдæ дып уый ницы у, æз ма дын де ’взаг дæр ралыг кæндзынæп, — бартхъирæн кодта пъæлицæйаг. Æцæгдæр аф- тæ рауад. Фашпсттæ ралыг кодтой Илларионы ’взаг, амардтой йæ æмæ йæ инняп патриоттимæ дзыхъмæ ныппæрстой. Немыц сырд æрцыдысты Ирыстонæй. Алагирæгтæ агуырд- той хъæбатыр коммунистты мæрдтæ. Рассветæй Алагирмæ æр- бацыдысты Илларионы хотæ. Нæ фæзыид ардæм йæ бинойнаг Любæ — уый дæр, коммунисты ус дæ, зæгъгæ, фашисттæ амардтой. Ахæм мардæй фæцис коммунист Еналдыты Настяйы цард дæр. Уый ныгæд ис Алагиры æфсымæрон ингæны. Рассветæгты зæрдæты цæрынц æмæ цæрдзысты Айларты Илларион æмæ Еналдыты Настяйы рухс нæмттæ, лæгдзинад куы бахъуыд, уæд йæ цард чи нæ бавгъау кодта, уыдоны нæмттæ.
Уырымты Петр УЫНГÆДЖЫ БОН Ам карз хæстытæ уыд. «Советон Æфсады тыхджын бырст цыфæндыйæ дæр бауромын»,— ахæм хъуыды уыд знагмæ. Уы- мæ гæсгæ горæтмæ хæстæг сарæзта домбай фидæрттæ. Æрæ- вæрдта дзы йе знæтдæр æфсæддонты, йæ зæрдæдаргæдæр хæцæнгæрзтæ. Горæты алы хæдзары дæр фашисттæ сарæзтой хæцæн бынæттæ. Советон Æфсады лæргæ къахдзæфтæ, сармадзанты богъ- тæ куыдхæстæгдæрæй хъуыстысты, афтæ горæты уынгты фидæрттæ кодтой фашисттæ. Кенгисбергæн радтæн нæй, — ахæм фæнд скарстой. Абон Калининграды æмæ йæ алфæмблай бирæ æфсымæ- рон ингæнтæ ис. Кæуыл егъау номхыгъд, кæуыл та иу фыстæг дæр нæй. Бирæтæн фескъуыд сæ цард æмбисыл ацы горæтыл карз хæстыты. Иннæтæй иуыл ды бакæсдзынæ: капитаи Æлбе- ’гаты Агойы фырт Барис. Поэт хуымæтæджы нæ фыста «зæххыл цы стырдæр тох ^рдыди, гъе, уым ирон туг дæр ныккалд». Æцæгдæр, кæм нæ ныккалд уыцы чысыл адæмы туг! Кæ- сУт, Кенигсберджы ссæрибарыл стыр тохы дæр хъæбатырæй фæмард ирон лæг. Ис ма дзы, мах кæй нæ зонæм, ахæмтæ дæр. Фæлæ чи у Барис? Кæцон? Хуымæллæггæгтæ хорз зонынц Æлбегаты Агойы. Иæ армы тъæпæнтыл цы ауæдзтæ ис, уыдон æм æдзухдæр царды фæн- Д^гау зындысты. Афтæ йæм каст, цыма йæм уыцы фæндæгтæ иУДадзыгдæр фæллоймæ сидтысты. Æмæ куыста, куыста йæ 4* 49
бон æмæ йæ хъаруйæ. Хъус ивæзтой, уый йæ зæрдыл нал лæу~ уы. Фæлæ йын лæппу райгуырд, уый куы фехъуыста, уæд куыд сæрыстыр уыд, цас фæныфсджындæр, уыдæттæ дзы рох не сты. Ад,ы цотыл азтæ дæр куыд гæппытæ кæнынц. Авдæны- дзаг саби куыд тагъд айрæзт, уый Аго æмбаргæ дæр нæ ба- кодта. Иæ чысыл Барис скъоладзау сси. Куыд тынг дзы рад йæ зæрдæ. Дардæй йæм-иу куы ’рбахъæр кодта: «Аго, тынг хорз- тæ та мын сæвæрдтой». Тынг хорз каст фæци Барис Хуымæллæджы скъола. Тынг хæрзтимæ каст фæци Цæгат Ирыстоны Педагогон (институт. Разæнгард уыд ахуырмæ Барис. Æмæ та йæ гæххæттытæ балæвæрдта Тбилисийы педагогон зонæдты Академимæ. Фæл- варæнты рæстæг "раргом йæ зæрдæргъæвддзинад. Райдыдга ахуыр кæнын. Фæлæ, дам, фадат — амонæг. Раздæхт фæстæмæ Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта ахуыргæнæгæй. ...Финнæгтимæ хæст. Агойы фырт Барис дæр — хæцæг æф- сады... . — Ай диссаг нæу? Иу хабар дзы ма хъуысæд, — сагъæсгæ- нæгау-иу загъта Аго йæхинымæр. Барисæй ницыуал хъуыст. Цыфæндыйæ дæр Мæскуымæ, Æмæ Агойæн уым загътой: — Мæйы æмгъуыдмæ куы нæ уа, уæд нын фехъусын кæн. Кæм ма уыд кæрон йæ цинæн! Кæрты æрлæууыд Барис афицеры дарæсы. — Кæстæр лейтенант Æлбегаты Барйс фæзынд дæсидтмæ, — уыцы æцæгхуызæй алæууыд лæппу йæ фыды раз. Хъазæн митæ, хъазæн ныхæстæ бирæ нæ ахастой. Ног та хæст. Цыфыддæр хæст. Канд Барис нæ, фæлæ Агойы иннæ фырт Валодя дæр ныр хæстон сси. Кæстæр æвæлтæрд у. Куыд у цымæ? — æхсайдта фыды зæрдæ. «Æппындæр мыл ма тыхс. Лæгдзинад кæм бахъæуа, уым мæнмæ дæр разындзæн», — ныфсæвæрæн ныхæстæ фæкод- та кæстæр фырт. Стæй ныхъхъус... Стæй хабар.., уÆбæрæгæй тохы заман фесæфт Æлбегаты Валодя. «Барис ды ма йæ бацагур. Кæд ыл искуы сæмбæлис»^ — куырдта фыд. «Агурын æй, Аго, агурын», — дзуапп лæвæрдта хистæр. Хæст та уыд йæ тæккæ тæмæны. Советон æфсæдты бырсты ныхмæ æрлæууын знаджы бон нал уыд. йæ æфсæддон хаимæ капитан полчъы штабы хицау Æлбегаты Барис цыд размæ. ...1944 аз, 21 январь. Ленины амæлæты бон. Кенигсберг. «Нæ зæрдæты ленинон цæхæр кæй æхсиды, уый хъуамæ равдисæм фыдгулæн. Æрмæст размæ!» — ахæм сидт айхъуыст æппæт хæстонтыл. Знаджы уыцы горæтæй хъуамæ атæрæм. Æмæ райдыдта уынгæджы тох. Алы уынджы, алы хæдзары. Барис æваст айхъуыста рацийæ: «полчъы командир Береж- ной фæмард. Разамынд дæхимæ райс, Æлбеджы фырт...» Æрмæстдæр размæ! — ахæм сидт та ауад алы æфсæддокы 50
хъустыл. Размæ æмæ размæ! Фæлæ Барисы къухы нал бафтыд Кенигсбергæй дарддæр абырсын. Лæгæй-лæгмæ тохы йæ бай- йæфта фыдгулы нæмыг. «Цыфыддæр знагимæ карз тохы хъæбатырдзинад кæй рав- дыста, уый тыххæй йæ амæлæты фæстæ дæчфырт Барисæн лæ- вæрд æрдыд Фыдыбæстæйон хæсты орден. Æфсæддон.хайы хи- цау гвардийы булкъон Каладзе. Политотделы хицау булкъон Делинин». Стæй йе ’мбæлтты фыстæг: «...горæты уынгты хæст куы фæсабыр, уæд æй ссардтам. Бавæрдтам æй кадимæ, хæстоны намысы салютимæ». Цæссыгтæ бахус сты. Рæстæг рацыд. Адæм, рæзгæ фæл- тæр нæ рох кæнынц, сæ сæрибарыл гермайнаг фашисттимæ то- хы цæрынхъуагæй чи фесæфт, уыдоны. Сæ ингæнтыл сын сæ- вæрынц дидинджытæ, нæ зæрдæтæй рох не стут, зæгьгæ.
Плиты Илья ÆХСАРДЖЫН ТАНКИСТЫ С ГУ ЫХТД 3 И НÆДТÆ 1944 аз. Фæззæг. Æз уæд Белоты астазон скъолайы дирек- торæй куыстон, цæргæ дæр скъолайæн йæхи мидæгч кодтон. Иу изæрыгон скъолайы кæрты барæг йæ бæхæй æрхызти æмæ мын салам радта де ’зæр хорз, зæгъгæ. Æз асинæй зæх- •мæ æрхызтæн æмæ уазæгæн кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд, загътон æмæ йын стæй йæ къухыл ныххæцыдтæн. Уа- зæгыл уыдис æфсæддон дарæс. Уый уыдис Æлборты Димитр, куыста областои Рухсады хайады, уыд командировкæйы, скъо- латы æфсæддон ахуыр цы уавæры ис, уый бæрæггæнæг. Скъолайы лæппутæ барæгæн йæ бæх аластой æмæ йæ скъæты бафснайдтой. Æз æмæ Димитр мæ цæрæн уатмæ ссы- дыстæм, пецы арт скодтам æмæ, йæ фæйнæ фарс бадгæйæ, ны- хæстæ кодтам. Æз уæды онг Димитры нæ зыдтон, æмæ чи у, кæцон у, кæм ахуыр кодта, кæмыты куыста, уыцæттæй йæ фарстон. — Джеры хъæуккаг дæн æз, тъангхортæй, афтæ нæ хо- нынц адæм, Джеры дзуары бын кæй цæрæм, уый тыххæй, — мидбылхудгæ загъта Димитр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — фæлæ Джеры фæсивæд дзуæрттæм нал цæуынц, ног хъуыд- дæгтыл ныххæцыдысты... Æз мæхæдæг авдазон скъола нæхи хъæуы фæдæн каст. Новочеркасскы та астæуккаг ахуырад рай- стон... Уалынмæ хæст райдыдта, уыдтæн фронты æмæ ныр цæфтæй æрыздæхтæн. Æз зæрдиагæй хъуыстон Димитры ныхæстæм, фæлæ мæ тынгдæр фæндыдис, хæсты хабæрттæй мын исты куы радзырд- таид, уый æмæ йæм бахатыдтæн. — Ех, мæ хæлар, хæсты хорздзинадæй ницы ис, нæ адæ- ’мæй бирæ фæцагъды ис цъаммар немыцаг фашисттимæ тох- 52
гæнгæйæ, — арф ныуулæфыдис Димитр æмæ мын йæ цæфтæ æвдыста. — Мæнае ма ракæс, мæ цонг уæлæмæ нал исын, мæ буар цалдæр.раны цæфтæ у. Димитрæн, æцæгдæр, йæ буар цалдæр раны цæфтæ уыдис, фенын мын сæ кодта. Уыцы рæсугъд æмæ хæрзконд лæппуйы кæд йæ цæфтæ хъыгдардтой, уæддæр.уыдис хъæлдзæг æмæ дзырдта: — Ницы кæны, цæфтæ байгас уыдзысты, хæст тагъд фæ* уыдзæнис, мах фæуæлахиз уыдзыстæм цъаммар фашизмыл, æмæ та минас дæр кæндзыстæм. (Æхсæвæрыл ахæм дзæбæх уазæгæн хъæдурдзæхтон æмæ лартхоры кæрдзыны .йедтæмæ ницы бахæрын кодтон æмæ дзы уый тыххæй хатыр куырдтон). — Цæхдон æмæ нартхоры кæрдзын бирæ уарзын, — рап- пæлыди ме ’хсæвæрæй æмæ райдыдта дзурын: • — Хæсты тыххæй мæ фарстай, æмæ кæд уыйбæрц ницы басгуыхтæн, уæддæр дын мæхи тыххæй цалдæр эпизоды ра- дзурдзынæн... Уый уыдис 1941 азы ноябры мæйы. Зымæг дæр карз æмæ хæст дæр карз. Кæрæдзимæ быцæу кодтой. Æмæ цы-. ма уырыссаг зымæг дæр мах фарс уыди, уыйау йæ уазалæй тыхсын кодта немыцаг цъаммар фашистты. Уыцы бонты не- мыцаг тыхæйисджытæ бирæ æфсæдтæ æрбакалдтой æмæ сæ- хи æппæрстой размæ нæ бæстæйы зæрдæ — Мæскуымæ. Æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта столицæмæ æввахс æрбацæуын. Та- сы мвдæг уыди Мæскуы. Немыцаг инæлæрттæ тел телы фæдыл æрвыстой Гитлермæ, зæгъгæ, биноклæй кæсгæйæ, уынæм Мæскуыйы. А-дыууæ бон- ты Мæскуы уыдзæнис нæ къухы. Фæлæ фашистон абырджыты сæ фын фæсайдта. Советон æфсæдтæ æмæ уыдонимæ иумæ мæскуыйæгтæ дæр фидар æр- лæууыдысты æмæ æнувыдæй хъахъхъæдтой сæ уарзон горæт. «Иунæг къахдзæф дæр фæстæмæлæууæн нæй, фæлтау мæлæт — г<фтæ дзырдтой Мæокуыйы хъæбатыр хъахъхъæнджытæ. 28 панфиловоны мæлæт хуыздæрыл банымадтой знаджы бирæ æфсæдтимæ тохгæнгæйæ, фæлæ фæстæмæ кахдзæф дæр нæ кодтой. Зынгæ советон тæхæг Талалихин Мæскуыйы арв æхсæ- вæй, бонæй хъæбатырæй хъахъхъæдта, знаджы хæдтæхджыты æввахс нæ уагъта, таранæй сæ дæрæн кодта... Советон æфсæдтæ Мæскуыйы цур тохты мæлæтдзаг цæф фæкодтой немыцаг фашисттæн æмæ сæхæдæг размæ абырстой уаэрæх фронтæй. Мæсхуыйы хъæбатыр хъахъхъæнджыты рæнхъыты уыдис ирон адæмы фырт, танкист Æлборты Димитр дæр. Уый уыди лолиткъухдариуæггæнæг, хистæр лейтенант. Иу бон немыцæгтæ атакæйы рацыдысты æмæ æрхъула код- той нæ артиллерион дивизионыл. Батальоны камандир Æлборы фыртмæ фæсидтис æмæ йын загъта: 53
— Нæ дивизион æрхъулайы бахаудта. Сæ фервæзын кæнын камандакæнынад махæн бахæс кодта... — Æз цæттæ дæн, æмбал командир, — загъта Æлборы фырт æмæ чысыл фæстæдæр йæ каманцæйы бын æртæ танкæ- йы размæ абырстой. Немыцæгтæ танкаты куыддæр ауыдтой, афтæ сæ сармадзантæй æхсын райдыдтой. Танкатæй иу фæцæф æмæ æрлæууыдис. Иннæ дыууæ танкæйы размæ цырд ацыдыс- ты, æвиппайды немыцæгты позицитæм æввахс бацыдысты æмæ сæ æхсын райдыдтой сармадзантæй æмæ пулеметтæй. Тохы быдыры немыцæгтæ, бирæ мæрдтæ æмæ цæфтæ ныууадзгæйæ, фæстæмæ, алæууыдысты. Артиллериоы дивизион æрхъулайæ сæрибар æрцыдис. Фæлæ Æлборы фырт уый фагыл нæ банымадта — йæ танкæ дарддæр абырста размæ æмæ немыцæгты фæсчъылдым фев- зæрди. Немыцæгтæ йæ суыдтой æмæ йæ æхсын райдыдтой. Танкæ цалдæр цæфы фæцис, йæ цæлхытæй иу фехæлд. Æрлæу- уыдис. Æрхъулайы бахаудта. — Цы бачындæуа, — загъта скъæрæг-механик Новиков æмæ фæрсæджы каст бакодта Æлборы фыртмæ. Æлборы фырт нæ фæтарсти, фæлæ уайтагъддæр бардзырд радта танкæ æваст хъæдмæ баскъæрыны тыххæй. Новиковы ницыуал ныфс уыдис, фæлæ танкæскусын кодта æмæ йæ куыд- дæр æгъдауæй абырын кодта хъæдырдæм. Ацы хабар уыдис изæрырдæм, æмæ цалынмæ хъæдмæ хæццæ кодтой, уæдмæ æр- талынгис. Немыцæгтæ советон танкæйы нал ауыдтой æмæ се ’хсын ныууагътой. Хъæдмæ бацæугæйæ, танкæйы экипаж: хис- тæр лейтенант Æлборы фырт, скъæрæг Новиков æмæ æхсæг Иванов сæ танкæйы цалх цалцæг кæнын байдыдтой. Æмбис- æхсæв уыдаид, афтæ кæсынц æмæ уæртæ фæндагыл æртæ не- мыцаг танкæйы уыдонмæ æввахс æрлæууыдысты. Æлборы фырт айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ немыцæгтьг бæрæггæнæг фæра-сти, сæ фæцыл «бафтыд, хъуамæ базона, цас сты, цахæм адæм сты. Димитр фæстæмæ куы раздæхтис, уæд бардзырд радта, цæмæй немыцæгты скуынæг кæной. Кæрккуасæнмæ ’ввахс уыди рæстæг, афтæ советон так- кæйы æрбаййæфтой немыцаг мотоциклисттæ,талынджы.нæ рав- зæрстой, сæхион æй фенхъæлдтой æмæ дарддæр ацыдысты. Мæнæ уалынмæ советон хъæбатыр танкисттæ бахæццæ «сты немыцæгтæм. Уыдон сæ танкæты цур слæууыдысты æмæ там-ако дымдтой. Советон танк немыцæгтæм чъылдымырдыгæй бацыд æмæ сæ æхсын байдыдта. Немыцæгтæ афтæ æнхъæлд- той, советон танкæтæ бирæ сты, æрхъулайы бахаудтам, зæгъ- гæ, æмæ фæйнæрдæм лидзынмæ фесты, сæ танкæтæ æмæ хæ- цæнгæрзтæ ныууадзгæйæ. Советон танкæйы экипаж Æлборы фырты камандæйы бын уыцы тохы мидæг знагæй байстой ахæм трофейтæ: æртæ тан- кæйы, 7 автоматы æмæ æндæр хæцæнгæрзтæ. 54
Уыцы тохты æхсар æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй Æлборты Димитр Гаврилы фырт хорзæхджын æр- дыдис «Сырх Тырысайы» орденæй. Фронты политхайады хис- тæр Æлборты Димитры тыххæй афтæ фыста: «Æлборы фырт V хъайтар. Йæ тыхтыл æмæ йæ «цардыл æнауæрдгæйæ, уый хъæбатырæй тох кæны знаджы ныхмæ». Фыдыбæстæйон хæсты фронтты бирæ тугкалæн тохты рай- ста хайад хъæбатыр танкист Æлборты Димитр. йæ фæтæн ри- уæй тæмæнтæ калдтой «Сырх Тырысайы», «Сьцрх Стъалыйы» ор- "дентæ æмæ майдантæ. Фæсхæст, нæ бæстæ сабырадон цардмæ куы рахызти æмæ адæмон хæдзарад æндидзыдгонд куы цыдис, уæд Димитр йæ дыстæ басчъил кодта æмæ уæхскуæзæй куыста бирæ бæрнон бынæтты, куыста колхозы сæрдарæй дæр. Фæстаг хатт куыста Цхинвалы агуыриаразæн заводы ди- ректорæй. Уыцы бæрнон бынаты бирæ хъару æмæ энерги ба- хардз кодта заводы куыст æмæ æмткæй йæ продукцийы гъæд фæхуыздæр кæныныл. Æхсæвæй, бонæй йын æрæнцой нæ уы- ди, цы йæ бон уыд, уымæй архайдта заводы кад бæрзонддæр кæныныл, аудыдта, кæимæ куыста, уыцы кусджыты коллек- тивыл æмæ йæ уыдон дæр бирæ бауарзтой. Хæларзæрдæ æмæ цæсгомджын адæймаг уыди Æлборты Димитр, адæмæн уарзон, æмæ ахæмæй баззайдзæн æнусмæ, уый бирæ кæ;й уарзта æмæ Фыдыбæстæйон стыр хæсты йæ зонд æмæ хъаруйæ кад кæмæ’Н скодта, уыцы ирон адæмы зæрдæты.
Пæррæстаты Алыксандр ИРОН ЧЫЗДЖЫ СГУЫХТДЗИНАД Æлборты Тамарæйы хæстæгмæ чи зоны, уыдонæй дæр би- рæтæ, æвæццæгæн, нæ фиппайынц йæ хъæбатырдзинад, нæ зо- нынц, райгуырæн бæстæ зын уавæры куы уыд, уæд æй æвзонг чызг куыд хъакъхъæдта, уый. Нæ, Æлборты чызг нæ уарзы йæ хицæй æппæлын, йæ хæстон хабæртты кой кæнын... Æрæджы æз фем’бæлдтæн ацы хæдæфсарм адæймагимæ, ныхас кодтон йемæ. — «Цæмæннæ искуы исты загътай, Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг кæй дæ, уый тыххæй?» — бафарстон æй. Уый фыц- цаг æдзынэкг алæууыд, стæй мæ дисгæнæгау афарста: — «Ау, цы хъуамæ загътаин, кæд райгуырæн бæстæйы раз мæ хæсæй иу хай бафыстон, уæд уый тыххæй?» Ахæм дзуаппы фæстæ мæ- хæдæг дæр фефсæрм дæн, фæлæ ма йæм бахатыдтæн, цæмæй мын йæ хæстон хабæртты тыххæй радзура бæстон. Тамарæ ахъуыды кодта. Афтæ мæм фæкаст, цыма æз йæ цуры дæн, уый дæр дзы ферох ис, фæлæ иу дыууæ минуты фæс- тæ фестъæлфыд, йæ цæсгом фæирддæр ’ис, стæй сдзырдта: — Нæ зонын, цы дын радзурон? Афтæ мæм кæсы, цыма ахæмæй ницы сарæзтон. Цы диссаг у, хæсты кæй уыдтæн, уый? Мæ хуызæттæ уым бирæ уыд. Ныхас ныхасы ракъахта æмæ мын Тамарæ радзырдта, йæ æвзонджы бонты цы стыр зындзинæдтæ баййæфта, уыдон тых- хæй — йæ хæстон хабæрттæ. 1942 азы Тамарæ каст фæцис Тбилисы астæуккаг скъола æмæ ахуыр кæнынмæ бацыдис Тбилисы медицинон институт- ’мæ. Знаг бырста Кавказы ’рдæм, не ’фсад ныууагътой Крас- 56
нодар, Армавир, Нальчик, Пятигорск. Фашисттæ бырстой Дзæуджыхъæумæ, Фæскавказмæ. Уыцы аз ’ Тамарæйыл сæх- хæст 18 азы. — Иу бон, — дзуры Тамарæ, — цалдæр чызгæй бацыдыс- тæм нæ куырдиаттимæ æфсæддон къамисариатмæ æмæ цыбыр- тæй загътам нæ фæнд. Къамисариаты фыццаг фæдызæрдыг сты, æгæр æвзонг стут, зæгъгæ, фæлæ сæ уæддæр сразы код- там. Æртæ бонмæ ныл скодтой æфсæддон дарæс æмæ’ нæ цал- дæр чызгæй арвыстой радистты курсытæм. Мæйы æмгъуыдмæ нæ бафæлвæрдтой, фæлварæнтæ ацыдысты хорз æмæ нæ ар- выстой артиллерион полкмæ радисттæй. Уыцы аз ноябры æмби- сы нæ полк æрвыст æрцыдис фронтмæ. Краснодары цур тохты Тамарæ хорзæхджын æрцыдис «Хъæбатырдзинады тыххæй» медалæй. Гитлеронтæ хорз зыдтой Керчы стратегион нысаниуæг æмæ æппæт сæ тыхтæ радтой Керчы сæхи æрфидар кæнынмæ. Керчм’æ æрбацæуæнты æдзух æхстой сармадзантæй æмæ дон- бакæлæны сæрмæ та æнæрынцойæ тахтысты æмæ бомбæтæ калдтой немыцаг хæдтæхджытæ. Тамарæ цы катерыл цыди, уый уыд æртыккаг, ’ Керчмæ æввахс фыццаг дыууæйы фæдæл- дон кодтой, æртыккаг ма тыхтæ æмæ амæлттæй æрбахæццæ Керчмæ, æввахс былгæронмæ. Катерыл уæвæг артиллерион 3 батарейы хæстонтæ сæхи æрфидар кодтой, зæххы бын цы ныг« гæндтæ уыд, уы’цы талынг æмæ умæл бынæтты. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы ныггæнды бирæ рæстæджы архайдтой советон æфсæддон хæйттæ æмæ партизанты стыр къорд. Уый уыд Аджимумкайы дæлзæххон гарнизоны раздæры бынат. Ацы умæл ныггæнды бабын не ’мзæххон, Згъуыбиры хъæуггаг Сау- лохты Никъала дæр. Тамарæ куыд рахабар кодта, афтæмæй уыдон æфсæддон хай æрбынат кодта ацы дæлзæххон гарнизоны. Немыцаг-фашистон тыхæйисджытæ алы амæлттæй ар- хайдтой дæлзæххон гарнизон скуынæг кæныныл: цалдæр хатты дзы ауагътой дон, стæй уæд газ дæр. Фæлæ знагæн нæ бантыст, уым цы хъæбатыр советон адæм уыд, уыдон тых æмæ хъару басæттын. Ацы ныггæнды æхсæз мæйы дæргъы фæцис Тамарæ дæр. Ам, уыцы зындзинæдтæ ницæмæ даргæйæ, бацыдис Комму- нистон партийы рæнхъытæм. — «Ме ’ртæ хæстон азæй сегасæй уæззаудæр уыдысты ацы ныггæнды цы æхсæз мæйы фестæм, уыцы рæсæг, — дзуры Та- марæ. — Ам бирæтæ фæ,рынчын сты рæуджыты низæй, цалдæр чызгæй бакуырм сты талынг умæл ныггæнды, мæхæдæг дæр Уым цæстæй фæцух дæн. Фæлæ алцæмæн дæр вæййы кæрон. Иугæр Советон Æфсад æппæт фронтыл размæ куы абырстой, У®Д махмæ дæр æрбахæццæ, уал мæйы цы æххуысмæ кастыс- тæм, уый. Знаг сырд æрцыдис Керчæй дæр æмæ ацы дæлзæх- 57
хон гарнизоны удыгасæй чи баззад, уыдон сæйраг командагæ- нæджы бардзырдмæ гæсгæ æрвыст æрцыдысты Феодосимæ, цыран сын радтой улæфт, цæмæй сæ къахыл слæууыдаиккой. Ам, Керчы ссæрибар кæныныл тохы Тамарæ хорзæхджын æр- цыдис «Сырх Стъалыйы» орденæй. Дыууæ мæйы фæстæ Тамарæ йæ ног æрæмбырдгонд артил- лериои хаимæ (йæхи æфсæддон хайæ ма баззадысты хæрз цъусæй) æрвыст æрцыдысты Белоруссы фронтмæ. Афтæмæй карз тохты не ’мзæххон æвзонг чызг размæ бырста: Белорусси, Польшæ, Скæсæн Прусси æмæ мæнæ 1945 азы уалдзæджы Та- марæ бахæццæ Берлинмæ. Тамарæ хорзæхджын у «Сырх Стъалыйы» орденæй, Хъæба- тырдзинады тыххæй дыууæ медалæй, Кавказ æмæ Варшавæйы ссæрибар кæныны тыххæй медалтæ, Берлины сисыны тыххæй, Германыл фæуæлахизы, æмæ фашизмыл фæуæлахизы XX азы юбилейон медалтæй. Сылгоймагыл — 8 хæстон хорзæхы, уый хъайтардзинад нæу?! Хæст куы фæцис, уæд æрыздæхт йæ райгуырæн къуыммæ. 1945 азы 1-аг сентябры сбадтис, 3 азы размæ цы бандон ныу- уагъта, ууыл. Фæцис каст институт, загъта: «ныр та мæ куыс- тæй лæггад кæндзынæн мæ адæмæн». Райдыдта кусын Дзауы аптекæйы гæсæй. Фæстæдæр ивд æрцыдис Хуссар Ирыстоны централон аптекæмæ хистæры хæдивæгæй æмæ 1962 азæй та кусы гуырæн хæдзары аптекæйы гæсæй. Ам дæр йæ иузæрдион куыстæй лæггад кæны йæ адæмæн. Ныр Тамарæ рæнхъон хæс- тон нал у, фæлæ — мецицинон службæйы запасы хистæр лей- тенант. I
Мæргьиты Дауыт ÆХСАРДЖЫН ЛЕЙТЕНАНТ Хъырымы æрдæгсакъадах. Денджыз. Уæззау мигътæ сæхи æруагътой зæххыл. Афтæ зынд, цыма æппæт æрдз дæр æрны- гъуылд фæлурс арвы бын. Разсгарæг взводы командир лейте- нант Багайы фырт цыд хъуызгæ, бæрæг кодта йæ алфæмбла- иы æдасдзинад. Уыи хъуыды кодтя а^рмæстдæр иу хъуыддагыл гитлеронтыл ма фембæлын. Уæвгæ йын тæрсын не ’мбæлди. Саухил, тымбылдзæсгом, йæ бæзæрхыг уæнгтыл аив фидыдта румьшаг офицеры дарæс. Æддийæ бакæсгæйæ йын раиртасæн нæ уыд гитлерон офицертæй. Фæлæ Евген уæддæр фидарæй архайдта немыцæгтыл ма фембæлыныл. Уый хорз зыдта йæ хæстон хæслæвæрд: знаг кæцæй æхста, уыцы бынæттæ сбæрæг кæнын, артиллерион æмæ минаметои батарейты бынат, сæ ны- мæц уæлдай бæлвырддæр базонын, картайыл сæ фæнысан кæ- нын æмæ æнæбафиппайгæйæ фæстæмæ æрыздæхын. Уый уыд вазыгджын æмæ бæрнон хæс, уæлдайдæр та тар æхсæвы. Немыцаг дыууæ ракетæйы кæрæдзи фæстæ бæрзонд сфардæг сты арвы тыгъдады æмæ ныррухс кодтой сæ алфæм- блай. Лейтенант Багайы фырт уысмы бæрцмæ стыр дуры фар- сыл ныхæсæпау бакодта. Фæлæ дзы йæ хæслæвæрд рох нæ уыд я>мæ знæгты рухсы фæрцы афæлгæсыд. Бынат сбæрæг кæнгæ- йæ, уый ахъуыды кодта: «Дарддæр цæуынæн фадат ио». Къуы- бырæй-къуыбырмæ æмæ дурæй-дурмæ Багайы фырт йæ фæдыл арæхстгай кодта разысгарджыты къорды. Æхсæв цыд. Æв- вахсдæр кодта сæуæхсид. Фудтытæ кæнын райдыдта цъæхснаг Дымгæ. Фæлæ командиры уыдæттæ не ’ндæвтой. Уый бафип- 59
пайдта немыцаг хъахъхъæнджыты: «Гъа-а, ам æввахс уыдзыс- ты знаджы æхсæн бынæттæ», — уайтагъд йæ сæры февзæрд уы- цы хъуыды. Æмæ хъуыддаг бамбарын кодта йæ командирæн, стæй бæстон ахъахъхъæдта. Мигъ фæтæнæгдæр æмæ цæст хуыздæр æвзæрста. Евген сфæнд кодта дæрдтыл æрзилын, «патрултæй цас дарддæр уæм, уый бæрц уыдзыстæм æдасдæр». Æмæ уымæй раст бакодта. Галиуæрдæм ацæугæйæ, разысгарджытæ бафиппайдтой куы иу, куы иннæ батарейтæ. Къорды командир æппæт дæр фæны- сан кодта картæйыл. Ныр афон уыд фæстæмæ раздæхынæн. Фæ~ лæ Багайы фырт нæ тагъд кодта. Знаджы æнæзианæй ныу- уадзын æм æххæст раст нæ зынд. — Нæ бон у иу цалдæр сармадзаны дзы скуынæг кæнæм, — загъта йæ хæстонтæн. Йæхæдæг сæвзæрста, кæрæдзимæ æввахсдæр æвæрд цы сармадзантæ уыд, уыдон. Йæ гуыбыныл бабырыд хæстæгдæр æмæ сыл баскъæрдта гранатты цалдæр басты. Уыцы хъуыддаг афтæ æнæнхъæлæджы уыд æмæ хуыссæгхъæлдзæг гитлеронтæ райдианы фæтыхстысты. Цалдæр минуты фæстæ, æвæццæгæн, се ’муд æрцыдысты æмæ Багайы фырты хъустыл ауад æнæзон- гæ ныхас. Æвæстиатæй хъуыд ахъуызын. Немыцæгтæ сты- гуыр сты пырх сармадзанты цур. Бага’йы фырт йе ’мбæлттазн бамбарын кодта æмæ куыддæр фæрастысты немыцаг уæзласæн автомошинæйы ’рдæм. Разысгарджытæй иу—Гусеинов Г. ра« зынд шофер æмæ сбадт рулы фарсмæ. Машинæ фезмæлыд. Уайтагъд скъæр-къæр кодтой пулеметтæ, æнæаскъуыйгæ æхстой автоматтæ. Фæлæ Багайы фырт йæ къордимæ æдæрсгæ тырныдта тæссаг ранæй аирвæзынмæ. Уый уыд, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм тæссаг ран. Фæлæ дзы советон хæстонтæ раирвæз- тысты сæ хъæбатырдзинад æмæ арæхстдзинады фæрцы. —Ныртæккæ æппæт дæр куы сарæзтам, уæд знаджы къух- мæ бахауын æдылыдзинад у, — дзырдта фæндагыл йæ хæ- лæрттæн Багайы фырт æмæ сæ разæнгард кодта размæ. Фæлæ хъæбатыр командирæн нæ бантыст æвыдæй раир- вæзын. Куыддæр уæлкъуыбырмæ бахæццæ сты, афтæ знаджы нæмыг баййæфта лейтенанты. Ахызт цинелы, цыбыр кæрц æмæ гимнастеркæйы æмæ йын фæхъæдгом кодта йæ цонг. Евген райдианы нæ бамбæрста, кæй фæцæф, уый. Афтæмæй йæ къор- димæ иумæ трофейон автомашинæйыл æрыздæхт йæ дæлхай- мæ. Хъæбатыр лейтенанты цæсгомыл уыд туджы фæдтæ. Уы-( дон уыдысты сындзыты фæдтæ. Багайы фырт йæ дæлхаймæ удæгасæй кæй æрыздæхт, уый æхсызгон уыд се ’ппæтæн дæр, фæлæ тынг хъынцъым код- той, кæй фæцæф, ууыл. Фронты уæвджыты традицимæ гæсгæ алчи дæр архайдта Багайы фырты фæлгондз æмæ æнтыстытæ йæ бонæджы ныффыссыныл. Мæ зæрдыл лæууынц Евгены пыхцыл æрфгуытæ, сау дыу- |уæ цæсты, хъæлдзæг, саламдæттæг, хуымæтæг æмæ æргомзæр- 60
дæ — æппæт уыдæттæ бæркадджындæр кодтой лейтенанты ба- каст, йæ рæстæмбис ас æмæ хъæддых уæнгты конд. ...Цасдæр рæстæджы фæстæ не ’фсæддон хай Евгены сбæ- рæггонд фæндагыл ацыд размæ. Керчь баззад фæстийæ. Бага- йы фыртæн йæ цæф разынд уæлæнгай æмæ тагъд рæстæджы йæ бон уыд йæ галиу къухæй иттæг хорз кусын. Бонæй-бонмæ хæстытæ кодтой карздæр. Уымæй тынгдæр ма хорз сарæхыс- ты хъырымаг марты къæвдатæ. Зæхх сси чъиуау ныхæсаг. фæлæ кæй æвдæлдис уыцы рæстæджы къæвдатыл хъуыдыкæ- нынмæ! Знаг, ног æххуыс райсгæйæ, архайдта мах Хъырымы æрдæгсакъадахæй раппарыныл. Багайы фырт райста ног хæслæвæрд. Уый йæ хæстон къор- димæ ахызт иттæг сфидаргонд фронты хаххыл. Ацы хатт хæс- л&вæрд уыд бирæ зындæр æмæ бæрнондæр. Хæрзæввахс бацæ- уын хъуыд, фашистты къухы цы æфсæнвæндаг уыд, уымæ æмæ уырдыгæй нæ артиллерион æхстæи корректир кæнын. Лейтенант равзæрста дзæбæх бынат. Срæвдз кодта сæ дæлхаимæ бастдзинад. Знаг уæлдай фылдæр тыхтæ сарæзта атцы æфсæнвæндаг хъахъхъæнынмæ, уымæн æмæ ардæм эше- лон эшелоны фæстæ ластæуыд хæстон æрмæджытæ, сарма- дзантæ æмæ салдæттимæ. Фæлæ Багайы фырт æппæт дæр са- рæзта не фсæддон хайы артиллерион æхст бæлвырддæр кор- ректиркæнынæн. Уый фæрцы хистæр лейтенантПæррæстаты М. батарейы артиллерион æхстæй скуынæг кодта знаджы цистер- натæ, сармадзанты æмæ хæцæнгæрзты эшелон. Уыцы цæфæй тынг фæтыхстысты гитлеронтæ, фæлæ та цасдæр рæстæджы фæстæ ног тыхтимæ райдыдтой атакæтæ. Раззаг хаххыл уавæр уыд тынг уæззау. Фæлæ Багайы фырт нæ фæтарст. Æхсæв æмæ бон сиу кæнгæйæ, бæрæг кодта знаджы уавæр æмæ нæхион- тæн лæвæрдта бæлвырд зонæнтæ. Æнæхъæн вагæттæ-иу фашистон æфсæдтимæ æмæ хæцæн- гæрзтимæ бæрзонд стахтысты уæлдæфы. Æмæ уæд ссонтуæвæг знаг нæ хæстонты ныхмæ раскъæрдта 1ынг бирæ танкæтæ. Уы- дон, уартхæфсытау, уæззау бырыдысты Багайы фырты хъахъ- хъæнæн пункты ’рдæм. «Дыууæ хатты мæлæн нæй,— хъуыды кодта Багайыфырт,— иу мæлæтæй та фервæзæн нæй!» — æмæ загъта йæ къорды уæнгтæи: — Æй, лæппутæ, æгады бæсты кады мæлæт! Фæстæмæ иу къахдзæф дæр нæй! Къорды уæнгтæ сæ бынат æрфидар кодтой, æрæввонг код- той гранаттæ æмæ æвгтæ тæнгъæд æртагимæ. Уæдмæ знæгтæ Дæр æрбахæстæгысты. Афтæ зынд, цыма ныртæккæ сæ , быны ассæнддзысты советон хæстонты æмæ ацæудзысты дарддæр. Багайы фырт нылхъывта гранатты баст, йæ къух дард фæхас- ’га æмæ сæ тынг ныззыввыт кодта. Гранаттæ бахаудтой танкы Цалхы бынмæ. Райхъуыст тыхджын фехæлды нæрын. — Райгуырæн бæстæйы тыххæй! — хъуыст хъæртæ. 61
Немыцæгтæ æхсын райдыдтой алы хæцæнгæрзтæй. Иу ар- тиллерион снаряд фехæлд хъæбатыр лейтенанты цур. Бастдзи- над фехæлд æмæ хæстонтæ нæ базыдтой, Багайы фыртыл цы æрцыд, уый. Уæззау рæстæг уыд. Алы уысм дæр адæймагмæ комкоммæ каст æгъатыр мæлæт. Æппæт дæр сыгъд арты цæхæры, рызти зæхх стыр зæххæнкъуыстау. Хæст афтæ скарз, æмæ æфсæддон- тæн фадат нал уыд се ’мбæлтты архайдмæ хъусдарынæн. Æр- мæст ма алчи дæр хъуыды кодта иу хъуыддагыл — знаджьгсонт размæбырст бауромын, контрразмæбырст райдайын æмæ тыхæйисджытæй уарзон Райгуырæн бæстæ ссæрибар кæнын. ...Æрбаздæхт разсгарджыты фæстаг къорд. Уыдон æр- бахастой æхсызгои уац: удæгас у лейтенант Багаты Евген æмæ цæф хæстонты акодта дивизийы санитарон батальонмæ. Керчы фадыджы фæсабыр сты хæстытæ. Знаг йæ сæйраг ’тыхтæ сарæзта Севостополмæ. Фашистон авиаци æгъатырæй бомбæтæ калдта хъæбатыр горæтыл. Нæ командæкæнынал сфæнд кодта Севостополæн æххуыс арвитын. Лейтенант Бага- йы фырт хуыздæр артиллеристтимæ ацыд Севостополь хъахъ- хъæнынмæ. Иу мæйы фæстæ нæм уырдыгæй Гаглойы фырт фыста: «Зынаргъ æмбæлттæ, гитлеронты цæрæнбонтæ нымад сты. Хæрзæввахс у уьшы бон — фашистон тыхæйисджыты фæстаг бон. Уыдон куынæг æрцыдысты. Хæсты фæстæ мах ацæудзыс- тæм нæ хæдзæрттæм æмæ райдайдзыстæм нæ амондджын цард. Æрвитын уын сыгъдæгзæрдæ хæстон салам». 1942 азы 15 майы Евген тохы быдырæй йæ мад Гатыгкоты Со- намæ та афтæ фыста: «...Æппындæр мынтæрсгæ мацæмæй кæн, лæппутæ кæм уой, уыдонæй фæстейæ никуы баззайдзынæн, тæрсгæ ма кæн, мæн тыххæй никуы фæхудинаг уыдзынæ. Зна- джы нæмыг мæн нæ ахиздзæни. Иу хабар уый у æмæ мæм иуыл хьтл кæнут мад, хо, æмкъай æмæ æфсымæртæ, фыстæг, дам, арæх æрвит, омæ бæргæ иууылдæр куы ацæуин æмæ сымах цур куы бадин, фæлæ знаг уый бар нæ дæдты. Мæ зынаргъ мад, дæ зæрдæ мæм ма æхсайæд, æз ницы цух дæн, æрмæст ме ’рцыдмæ сæн æвæрд куыд уа...» Багаты Шакройы фырт Евген райгуырди 1916 азы Хуссар Ирыстоны Хъемултайы хъæуы. 1932 азы каст фæци Цхинвалы æрмдæсныйалы ахуыпгæнæндон. Хæст та йæ ’рыййæфта Ор- джоникидзейы горæты финансон техникумы. Техникум куыд- дæр каст фæци, афтæ йæ кусынмæ арвыстой Ленингоры рай- æтæсткомы финансон хайадмæ. Фронтмæ дæр уырдыгæй ацыд. * * * Йæ хæлар æмбал хæсты быдыры кæмæн фесæфт, уый бам- бяппзæн. к,гьтд ^Ы!{ уьт^ Багаты Евгены хæстон æмбæлттæн Ба- ’гайы фырты мæлæт. Иу бон карз тохты фæмард хъæбатыр лейм 62
тенант Багайы фырт. Нæ дæлхайы <салдæттæ æмæ афицертæ стыр хъыгзæрдæйæ ард бахордтой, хъæбатыр советон хæстоны туг фашистон тыхæйисджытæй кæй райсдзысты, уый тыххæй, Æмæ сæ ардхæрд уæгъды нæ фæци: сæ туг райстой. Советон Æфсад фæуæлахиз фашистон Германыл æмæ дунейы фæллой- гæнæг адæм сæ риуыдзаг сулæфыдысты... Багаты Евгены æмбæлттæ никуы ферох кæидзысты сæ хъæбатыр хæстон æмбалы рухс фæлгондз.
Джыгкайты Ф. ÆМБÆЛТТЫ ИНГÆНЫ ЦУР Автобусæй æрхызт ацæргæ нæлгоймаг, иу чысыл йæ бы- наты алæууыд, стæй машинæ дарддæр куы араст, уæд фæнда- гыл галиуырдæм цæхгæрмæ бахызт, багæпп кодта къанауы сæрты æмæ хæстæг бацыд айнæгдурæйарæзт цырты цурмæ. Цырты алфæмблай — æфсæйнаг быру, йæ дæлвæз — дидин- джыты стыр букеттæ: «Кавказ, Цæгат Ирыстоны столицæ Ор- джоникидзе хъахъхъæнгæйæ хъæбатырæй чи фæмард, советон уыцы æфсæддонтæн пионертæй», зæгъгæ, лæг бакаст веноктæй иуыл. Бæлццон йæ цæст ахаста цыртыл, йæ алыварс быдыр- тыл, къуылдымтыл. Цæссыгтæ æрызгъæлдысты æнцъылдтæ рустыл, халас рихитыл. Сабыргай æрбадт дурыл, фæлæ йæ цæстытæ уæддæр атонын нæ куымдтой цыртæй, æмæ та ногæй йæ зæрдыл æрлæууыдысты уæззау, мæлæтхæссæг бонтæ.. Фашистты æфсæдтæ атыдтой фронты æмæ Кавказы уæ- рæх быдырты, хæхтæ æмæ рæгътыл, къардиуты мингай сал- дæттæ æмæ афицерты мæрдтæ, судзгæ танктæ, сармадзантæ æмæ æндæр техникæ сæ фæстæ уадзгæйæ,, бырстой размæ. Сыгътой хъæутæ æмæ горæттæ, мардтой зæрæдты, сывæллæт- ты. Уыдои тырныдтой горæт Дзæуджыхъæу (Орджоникидзе) бацахсынмæ æмæ Арвыкомы фæндаг алыг кæнынмæ, ууьтлты Фæскавказмæ ацæуынмæ æмæ йæ байсынмæ. Уый тыххæй не- мыцаг командакæнынад сарæзта сæрмагонд бырсæг æфсæд- ты къорд. Уымæ хаудысты 13 æмæ 23-æм танкты дивизитæ, механизацигонд руминаг 2-æм дивизи, 1-æм немыцаг хæх- хон — фистæг дивизи æмæ æндæр хæйттæ. Бырсæг æфсæдты къорд бацахста Джызæл æмæ хæрзхæстæг æрбацыд респуб- ликæйы столицæмæ. Знæгтæ цин кодтой. Багаты Малакæн йæ зæрдыл ныр 64
дæр ма хорз лæууы немыцаг салдат, 13-æм танкты дивизийы танкист Вильгельм Шутцы писмо: «Мæ зынаргъ ныййарджы- тæ! Нæ размæ ис диссаджы рæсугъд горæт Владикавказ. Мах æм стæм тынг хæстæг, нæ дивизи райсом уыдзæн уым. Ацы писмо арвитдзынæи Владикавказæй æмæ ма йемæ посылкæ дæр. Уырны мæ, сымахæн кавказаг исты дзаума кæй ссардзы- нæн, уый». Фæлæ Вильгельм Шутцы сæнттæ нæ сæххæст сты, йæ ный« йарджытæ йын йæ писмо нал райстой, уый йæ мæлæт ссардта Кавказы. 1942 азы августы советон æфсæдтæ райстой бардзырд: «Го- рæт Орджоникидзейæ арæзт æрцæуæд æнæбасæтгæ фидар. Зна- тæн бауадзæн нæй Арвыкомы фæндагмæ, Кавказы , хъæздыг- дæр бынæттæ Гуырдзыстон æмæ нефты Бакумæ. Мидхъуыддæгты Министрады æфсæдты хицæн батальоны салдат Багаты Малак къахта стыр къанæуттæ, арæзта доттæ æмæ дзоттæ, акъоппытæ. Уыцы куыст кодтой мингай æфсæд- донтæ æмæ горæты цæрджытæ. Октябры дыккагæмбисы столи- цæйы ныгуылæн фарс арæзт фæцис, знаг бæрзæйсаст кæм фæуыдаид, ахæм хъахъхъæнæн тæлм. Иу бон Малак ракуырдта йæ командирæй: — Мæ бинонтæ цæрынц Ногиры, далæ ардæм дæр зыны. Бар мын радт иу сахат уыдоны фенынæн. Чысыл фæстæдæр уый лæууыд сæ хæдзары кæрты. Йæ раз- мæ разгъордта йе ’ртæаздзыд лæппу Барис. — Папæ, ды æфсæддон дæ? Зæгъ-ма, немыц нæ нæ амар- дзысты? Малак комкоммæ бакаст лæппуйы тарст цæстытæм æмæ йæ зæрдæ суынгæг. Фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, лыгуылæны ’рдæм акæсгæйæ, фидарæй загъта- — Цалынмæ æз æгас уон, уæдмæ ардæм немыцаг не ’рба- цæудзæн, — зæгъгæ, йæ хъæбысы æрбакодта фырты, сабыргай иæ зæххыл æрæвæрдта æмæ фæцис кулдуары æдде. Бæргæ ма йæ урæдта йе ’фсин Мария, уымæ дæр нал байхъуыста, тагъд- тагъд фæраст йе ’мбæлттæм, акъоппытæм. ...Пулеметы фыццаг номыр Иван Шевцов æмæ йе ’ххуыс- гæнæг Багаты Малак æрбынат кодтой арф акъоппы. Æртæ- РДыгæй æрбацæуынц немыцаг салдæттæ. — Хæстæг сæ æрбауадзæм, — загъта Иван. Фашисттæ акъоппытæй уыдысты дæс æмæ ссæдз метры Дзрддæр. Иван йæхи æрцæттæ кодта æхсын райдайынмæ. Уыцы рæстæг иу афицер æмæ салдат фехстой гранаттæ. Гранаты схъис батахт амбазурæйыл æмæ сæмбæлд Шевцовы риуьтл. Ныхъхъæрзыдта Шевцов, къухтæ феуæгъд сты пулеметæй. Ма- лак хъавыд йе ’мбалы цæфтæ бабæттынмæ, фæлæ йæ уый нæ бауагъта. — Æхсгæ кæн, науæд нæ дыууæ дæр фесæфдзыстæм. Малак февнæлдта æмæ нæмгуытæ азгъæлдысты знаджы 5* 65
салдæттыл. Цалдæрæй æнусмæ хуысгæ баззадысты зæххыл, иннæтæ лидзынмæ фесты. Хæст иу уысм фæсабыр. Малак бабаста Шевцовы цæфтæ, Иванщ буар рызти, цæф сæгуыты буар куыд фæризы, афтæ. Багайы фырт йе ’мбалы бамбæрзта цинелæй, стæй та ногæй раз- дæхт пулеметмæ. Гитлеронтæ æрчъицыдтой, слæууыдысты сæ къæхтыл, но- джы тыхджындæр ныббырстой. Мæнæ рахизырдыгæй æрбацæ- уы цыппар, галиуырдыгæй та æхсæз немыцаджы. Малак сыл йæ цæст ахаста. Æгæр хæстæг сты дыууæ къорды дæр, фæлæ æхсæз салдаты фæстæдæр. Амарын уал хъæуы раззагдæрты, иннæтæ дæр кæд дард нал фæцæуиккой. Æрбауадзæн дзы нæй иуæн дæр. Мæн куы амарой, уæд ноджы хæстæгдæр фæуыдзыс- ты горæтмæ, нæ хъæумæ, мæ бинонтæм, мæ чысыл лæппу Ба- рисмæ. Нæ, нæ, фæлтау... Ныййазæлыд пулеметы къæр-къæр. Цыппар фашисты æрхаудысты зæххыл. Иттæг хорз æхсыс, æмбал Багайы фырт. Ныр та пулеметы дзых фездах галиуырдæм, — хъæрæй сдзырдта Малак æмæ та бæстæ байдзаг гуыпп-гæрахæй. Шевцов, йæ цæфты рыст тых- хæй уромгæйæ, цыдæр дзуры Багайы-фыртмæ, фæлæ йæ уый нæ хъусы, уымæ йæ ныртæккæ нæма æвдæлы: æхсæз салдатæй æртæйы йедтæмæ мæрдтæм нæ бацыд, иннæтæ зæххыл ныххуыс- сыдысты æмæ сæ пулеметы нæмгуытæ нал исынц. Смæсты Ма- лак — дзæгъæлы сæфынц нæмгуытæ. — Дон, иу æртах дон, — хъæр кæны Шевцов. Фехъуыста йæ Багайы фырт, фæлæ’ кæм ссара дон, флягæ афтид у. — Чысыл ма бафæраз, — дзуры йæм æхсгæ-æхсын. Æвип- пайды пулемет банцад. Фесты нæмгуытæ. Салдат нæ фæтарст, къухтæм райста топп. Ныхъхъавыд. Гæрах! Дыккаг. Дыууæ немыцаджы фесхъиудтой зæххæй, фæуæлгоммæ сты, цыма арв- мæ кæсыныл фесты, афтæ. Фæныфсджындæр Малак. Уæхскмæ тынгдæр æрбалхъывта йæ топп æмæ та ногæй фехста^ Чъизи къухтæй асæрфта цæсгомы хид, сулæфыд. Фæлæ бирæ рæстæг æнцад нæ фæбадт. Гитлеронтæ та рацыдысты атакæйы. Уыцы рæстæг акъопмæ ныггæпп кодта санитар, дон радта Шевцовæн, абаста йын йæ цæфтæ, бавæрдта йæ йе ’ккой æмæ йæ бахæццæ кодта медицинон пунктмæ. — Командирæн-иу зæгъ, æз хæцдзынæн фæстаг сулæфты, фæстаг нæмыджы онг, — бафæдзæхста Малак санитарæн. Æхсы, æхсы æмæ æхсы советон салдат. Тагъд фæуыдзысты нæмгуытæ дæр. Фæлæ уыцы сахат хъуызæгау Малачы цурмæ æрбабырыд Николай Безбородов. Цалынмæ уый æхсгæ кодта, уæдмæ Багайы фырт та дисктæ дзаг кодта гилдзытæй, стæй та ссыд пулеметы къæр-къæр æмæ нæ фæцис, цалынмæ немыцæг- ты тых нæ байсыст, уæдмæ. — Цал фашисты амардтай? — фарстой йæ фæстæдæр йе ’мбæлттæ, % 66
— Нæ зонын, сæ нымайынæн рæстæг нæ уыд, — дзуапп радта уый... Афтæмæй та уыцы бон ныццагъта 20 немыцаджы. Знаджы æфсæдтæ тард æрцыдысты Ирыстонæй æмæ хъа- зуат, тугкалæн бонты хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад равдыс- та ногираг колхозон Багаты Малак. Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд «Сырх Тырысайы» орден. Фæлæ ууыл нæ фæцис йæ хæс- тон фæндаг. Кавказы зæххыл та ногæй фесгуыхт декабры кæ- р0Н æмæ райста «Сырх Стъалыйы» орден, уый фæстæ майцан «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй». 1943 азы майы та ногæй — «Сырх Стъалыйы» орден. 7 майы фæцис уæззаудæф — ныппырх рахиз син æмæ авд мæйы фæхуыссыд госпиталы. Дохтыртæ къах нæ алыг кодтой, фæлæ дзæвгар фæцыбырдæр. Æрцыд Ногирмæ, кусын райдыдта колхозы. Йæхиуыл, йæ тыхтыл нæ ауæрста. Куыста быдыры, фермæты æмæ уымæй гæ- зæмæ æххуыс нæ лæвæрдта хæцæг æфсадæн. «Фыдыбæстæйы хæсты рæстæджы хъæбатыр фæллойы» майдан дæр хуымæтæ- джы нæ радтой фыццæгæм къорды инвалид Багаты Малакæн. Æмæ ныр бады йе ’мбæлтты цырты цур зæронд салдат. Мы- сы йæ хæстон фæндæгтæ, Иван Шевцов æмæ иннæты. Бирæ адæм ныккалдтой сæ туг ам, Ирыстоны зæххыл, сæрибары æмæ уæлахизы сæраппонд. Адæм сæ никуы ферох кæндзысты. Нæ рох кæнынц Багаты Малакæй дæр. Зымæгон хизæнты фиййа- уæй кусы. Æрæджы йæ фырт Барис ус ракуырдта. Тагъд Ма- лакы фæстæмæ фосмæ цæуын хъæуы æмæ та ацы хатт дæр, алы аз куыд вæййы, афтæ æрбацыд йæ хæстон æмбæлтты ин- гæнмæ. — Майы уæм дидинджытимæ æрбацæудзынæн. Хæрзбон уал ут, мæ хæлæрттæ, — зæгъгæ, сыстад, худ ныккодта халас сæрыл æмæ къуылых-къулых рацыд ингæны цурæй.
Богазты Умар ФÆЛТÆРЫ НАМЫС Цард, дам, фæлтæргай у. Фæлтæр фæлтæры ивы, уыцы фæлтæртæй алкæцы дæр ныууадзы йæхи сæрмагонд фæд. Иу фæлтæрæн истори сныв кæны сыгъдæг арвы бын æнцад-æнцойæ фæллой кæнын, иннæмæн та бавзарын кæны тохы карздзинад. Æз арæх фæхъуыды кæнын мæхи фæлтæры тыххæй. Цавæр хъысмæт бавзæрстам мах та, царды цы фæд ныууадздзыстæм? Афтæ хъуыдытæгæнгæйæ мæ зæрдыл æрлæууынц мæ кары лæп- путæ æмæ чызджытæ, Фыдыбæстæйы хæсты размæ цардмæ æххæст хъарутимæ бахизынмæ йæхи чи цæттæ кодта, уыдон. Чи нæ уæд касти институты, чи техникумы кæнæ рабфачы, чи та исты дæсныдзинад райста æмæ уыди социалистон арæзтады хъазуатон. Куыст нын бирæ уыди. Кæй зæрдыл не ’рлæууынц уæды фондзазонтæ! Романтикон азтæ, базырджын азтæ! Никуы мæ ферох уыдзæнис, æфсæддон скъолатæм куыд цыдыстæм, уый. Æрыгон лæппу-иу скъола фæуæвгæйæ аив, гуырвидауц лейтенантæй куы сыздæхти не ’хсæнмæ, уæд нæ-иу алчи дæр сæрыстыр уыд йæ хъысмæтæй. Цас ныхæстæ нæм-иу рауади фидæн царды тыххæй! Æмæ-иу алкæддæр нæ сæйраг мæт, нæ цин уыдысты райгуырæн зæхх, нæ адæм. Æз хорз æмбарын мæ фæлтæры. Уымæн стыр фæлварæн райдыдта 1941 азы. Æмæ йын бафæрæзта, Уый тыххæй æмæ йæм цæттæ уыди, цæттæ уыди йæ удыхъæдæй, йе ’ппæт цардæй. Никуы мæ ферохуыдзæн уыцы азы июны мæй. Скъолаты, куыст- уæтты цыди митингтæ. Дзырдтой æрыгон фæсивæд — мæ фæл- тæр. Алкæйы ныхас дæр сæ зæлланг кодта ардхæрдау. Кæд I ныл азтæ бирæ нæма цыд, уæддæр уыдыстæм æцæг хæстонтæ, йе стыр хæс чи æмбæрста, ахæм хæстонтæ. Мах хордтам ард, 68
райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау нæ цард дæр кæй ратдзыстæм, ууыл. Тохы амæлынмæ нæалчи дæр цæттæ уыд, фæлæ нæ мæ- лын никæйы фæндыд, уымæн æмæ карз хæстмæ дæр царды сæ« раппонд цыдыстæм. Æнæкæрод уыдысты нæ уарзондзинад дæр зэмæ не ’нæуынондзинад дæр. Бирæтæ нал ис нæ фæлтæрæй. Сæ фæндтæ, сæ бæллицтæ ахуыссыдысты, фæлæ сæ тугвæллой æнусмæ баззад. Кæй дзы не ’рымысай — дæ разы æрлæудзæн бæллицаг рæсугъд æмæ сыгъдæг цард. Кæрон кæмæн нæй, ахæм цард. Сæ азтæ цас нæ- ма амыдтой, уыйас сæ алчи дæр рæвдз уыди царды стыр хæс йæхимæ райсыныл. Алкæйы хъысмæт дæр дзы афтæ у. Ахæм уыди ольгинскæйаг лæппу Байаты Георги дæр. Уый уыдис то- хы, фæлæ карз хæстæй нал раздæхт æрыгон лæппу. О, лæппу, цардбæллон. Чи зоны, афонмæ йæ сæр халас уыдаид. Æнæмæнг уыдаид стыр адæймаг, фæлтæры цæсгом чи вæййы, ахæм. Мæнмæ æрбахаудтой йæ фыстытæ, йæ писмотæ. Кæсын сæ æмæ мæм мæ фæлтæры æвзонгдзинад ногæй æрыздæхти. Цы хъуыдытæ нæм уыди? Цæмæй цардыстæм? Мæнæ Георгийы бо- ныгæй хицæн скъуыддзæгтæ. «Мах, студенттæ, стæм культурæ- йы фронты æфсæддонтæ. Уыцы æфсæддонты архайд арæзт у уымæ, цæмæй фидарæй цæуæм, зонындзинады бæрзондмæ цы гуыргъахъ фæндаг кæны, ууыл». Дæс æмæ ссæдз азы бæрц рацыд уыцы фыстыл. Рацæудзæн ма йыл ноджыдæр бирæ азтæ, фæлæ йæ ахадындзинад никуы æрмынæг уыдзæн. Цард чи аразы, уый бирæ зонындзинæдтæ хъæуы. «Зивæггæнаг рынчынæй фыддæр у, — фыста Георги. — Зивæг куы нæ уаид, уæд адæймаг цы кæны, уымæй йын дыууæ хатты фылдæр æнтысид». Байаты Георгийы бонæг кæсгæйæ, адæймаг æнæахъуыды- гæнгæ нæ фæуыдзæн: домбай дуджы домбай удыхъæдджын адæймæгтæ фæцæры. Дуг та æцæг домбай уыди, уымæн æмæ мах дугæн йæ кадджын нысан у Ленин. Царды раст фæндагыл чи лæууы, уыдонæй алчи дæр йæхи Ленинмæ гæсгæ аразы. Уы- мæй егъаудæр авторитет махæн нæ уыд æмæ нæй. Иу бон Геор- ги йæ бонæджы афтæ ныффыста: «Дунейы хъуыстгонд адæймæгтæ мæ зæрдыл æрлæууыдыс- ты, уыдон, сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, сысты стыр лæгтæ мæ се ’ппæт цард, се ’плæт тыхтæ радтой æфхæрд адæмы капитализмы ^фсондзæй суæгъд кæнынæн,цагъардзинад æмæ гæвзыккдзина- Дæй фервæзын кæнынæн. Уыдон сенауæрдон тохы фæрцы зæх- хы цъары æхсæзæм хайыл фæллойгæнджыты ракодтой цины, сæрибар царды фæндагмæ. Æз æй зонын, уыцы стыр адæймæг- тыл хи ахуыр кæнын хъæуы, уыдонау зонындзинæдтæ фылдæр кæнын, цæрын. Гъе уый тыххæй та ногæй райдыдтон кæсын Ле« нины царды тыххæй чингуытæ». Бæллиццаг фæл^æр! Цæуыл-иу цин кодтой æрыгон лæппу- тæ æмæ чызджытæ? Цымæ хи уды хорздзинад, кæнæ хъарм 69
бынатмæ бахауыныл? Георгийы бонæг нын дзуапп дæтты. Уый нæ фæлтæры номæй фыста: «Диссаджы æхсызгон хабæрттæ. Испанийы республикæйæгтæ уæлахиз кæнынц, дæрæн кæнынц фашистты». Кæнæ: «Абон мын цины бон у: партком мæ пропа- гандистæй снысан кодта». Фæлтæр хъуыДы кæны фæлтæрты хъысмæтыл! Цæйас ны- саниуæг ис уыцы хъуыдыйæн. Иу хæдзар, иу хъæу, иу районы мæт ын фаг нæу, уый сагъæс кæны æгас бæстæйы хъуыддæг- тыл, райгуырæн бæстæйы сагъæстæ йæ æнæхуыссæг фæкæнынц. «Фæллойы хъайтартæ, стахановонтæ диссаджы темпытимæ арæзт фæвæййынц Волгæ-Мæскуыйы къанау». Æмæ цæмæ но- джы не ’хсайы йæ зæрдæ. Байаты Георги службæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты. Куыд, уый бæрæг у йæ писмотæй: «Цы архайын æз æфсады? Ахуыр кæнын, уымæн æмæ æфсад у мæ дыккаг университет». Службæ æнцон нæ вæййы. Бинонтæй дард, æнахуыр хъуыддаг. Георгийæн дæр-иу, æвæццæгæн, тæригъæдгæнджытæ уыд. Фæлæ уый уыдæттыл нæ хъуыды кодта æмæ сæм йæ писмойы фыста: «Мах бæстæйы алы адæймаджы дæр æвæрынц, адæмæн æмæ нæ иумæйаг хъуыддагæн фылдæр пайда кæм æрхæсдзæн, уым... Æз мæхиуыл нæ бацауæрддзынæн мæ хæс .кадимæ сæххæст кæны- ныл». Писмотæ, писмотæ, писмотæ!.. Æмæ се ’гопæты дæрног адæй- маджы зæрдæ, зонд, йæ цард. «Æз дæуæй разы дæн, — фыста Георги йе ’мбалмæ, — раст фæндаг, советон гражданины æцæг коммунистон фæндаг кæй равзæрстай, уый тыххæй. Кэед арæх рынчынтæ коцтай, уæддæр цыфæнды цæлхдурты сæрты дæр ахыз- тæ æмæ суанг, скъолайы уæвгæйæ, царды дæ размæ цы нысан æрывæрдтай, уый дæ къухы бафтыд... Мах ныртæккæ хъæуынц инженертæ, профессортæ, техниктæ. Мах уыдон хъæуынц цар- ды размæ цæуынæн. Мах, æрыгон адæймæгты, фидæны фæлтæ- ры саразын хъæуы æнæкълассон коммунистон æхсæнад. Комму- нистон æхсæнад саразынæн та хъуамæ уæм экономикон æмæ техникон æгъдауæй ахуыргонд, культурон æмæ политикон æгъ- дауæй фидар». Гъе уый у домбай удыхъæды кодекс. Исчи зæгъдзæн: уыдон лозунгтæ сты. Зæгъæд. Сты цардæ- гас лозунгтæ, тохмæ чи сиды, ахæм лозунгтæ. Уыцы лозунгтæ кæй зæрдæмæ цыдысты, уымæ æндæр мæттæ дæр уыди, йæ уар- зон адæймæгтæй алкæйы фаг дæр æм разындаид буцдзинад, алкæуыл дæр дзы аудыдта. Георги зыдта — йæ фыд рынчьш уыд. Æмæ цин кодта, уый йæхицæн хъарм дзаумæттæ куы са- мал кодта, уæд. Фæлæ æнæуи та куыд уæздан уыд, йæхиуыл ын куы тыхстысты, уæд. Æхцайы тыххæй хъусынгæнинаг райс- тон. Цæмæн мыл афтæ тыхсут, уый нæ зонын. Æз æппындæр ницы хъуаг дæн». Иæ хъуыддæгтæ, ,йе ’ппæт цард Байаты Георгийæц абон зо- 70
нæм йæ писмотæй. Хаттгай хæрз чысыл писмо дæр вæййы тау- рæгъйу диссаг. Хæсты райдайынмæ ма цалдæр боны хъуыд, афтæ сæ бинонтæм Ольгинскæмæ фыста: «Мæ ахуыры хъуыд- даг хорз цæуы, феппæлынц мæ. Фæлæ уымæй æз мæхиуыл ни- куы фервæсдзынæн. Нæ, фæлæ ма мыл уый ноджы бæрзонддæр хæс æвæры — ноджы хуыздæр æмæ тынгдæр ахуыр кæнын, нæ бæстæйы æдасдзинад домбай цæмæй уа, уый сæраппонд. Мае хæстæ мæм ноджы бæрнондæр кæсынц, уымæн æмæ дæн фæс- комцæдисон организацийы бюройы секретарь æмæ партбюройы уæнг. Раззагдæртимæ куы нæ уон, фæлæ фæсте куы зайон, уæд мæнæй фæскомцæдисон органйзацийæн цæй разамонæг ис». Ахæм адæймагæн цард зынаргъ у, уымæн æмæ дзы йæхицæн рухс фæнДтæ скæны, уыдон æй разæнгард кæнынц. Стæй писмотæ нал уыди, нал цыдысты уыдон Ольгинскæмæ. Бирæ ис дунейыл фæндæгтæ, суанг цыфæнды карз хæсты заман дæр. ФæЛæ хъысмæт афтæ разыны æмæ дзы иутæ уыцы рыгкал- гæ баззайынц, иутæ та дзы хæмпæлы бын фæвæййынц — цæуæг сыл нал вæййы. Райдыдта хæст, Фыдыбæстæйы стыр хæст. Байаты Георги дзы бацагуырдта йæхи бынат. Гуырысхойаг никæмæн у, уыцы бынат тæккæ раззагдæр рæнхъыты кæй уыдис, уый. Ие ’ппæт хъарутæ, йæ цард нывондæн æрхаста йæ райгуырæн зæххæн, йæ уарзон адæмæн. Хæсты быдырæй нал раздæхти, бирæ кæй уарзта, уыдонмæ. Абоны дуджы æртæ æмæ ссæдз азы чысыл рæстæг не сты. Адæймаджы зæрдæйыл алцы йæ лæууы. Бирæ хъуыддæгтæ — стыр æмæ хуымæтæджы • —адард вæййынц æмæ истори свæй- лынц. Фæлæ адæмы зæрдæйы мыггагмæ чи баззайы, уыдон свæййынц уыцы адæмæн сæ хъысмæт, сæ дуджы тырыса, фæл- тæрты тырыса. Рацыдис азтæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы фæцис, уæ- дæй нырмæ. Кæй зæрдыл не ’рлæууы уыцы бон — Уæлахизы бон! Æнæзонгæ адæймæгтæ, сæ рустыл цины цæссыгтæ уади, афтæмæй кæрæдзийæн хъæбыстæ кодтой, кæрæдзийæн дзырд- той сæ зæрдæтæ хæсты даргъ азты цæмæй рыстысты, уыдæттæ. Йæ зæрдыл кæмæн нæ лæууы, уый та йæ зоны — уыдис æвир- хъау хæст, уым аскъуыд бирæты цард — кæмæн йæ фыд, кæмæн йе ’фсымæр, кæмæн йæ хъæбул, кæмæн йæ уарзон адæймаг. Нæ, нæ ферох уыдзысты ныййарджытæй, æфсымæртæ æмæ хотæй сæ уарзон адæймæгты нæмттæ, уыцы уæззау хæстæй чи нал раздæхти, уыдон, æдзухдæр æй æнкъардзысты, фæлтæрты Дарц æмæ амондыл сæ туг кæй ныккалдтой, уый. Гъе, уымæ гæсгæ уыдоны сгуыхтдзинад историне сси, фæлæ баззад дуджы лаэгдзинады скъолайæ, куыд цæрын хъæуы, уый æвдисæг æгъ- Дауæй. Абоны хæстмондаг инæлæрттæ империализмы бæстæты ног хæст бандзарыны тыххæй сæнттæ куы цæгъдынц, зæхх ссудзы- 71
ныл куы архайынц æмæ сæ салдæтты сæрябаруарзаг адæмты ныхмæ хæсты артмæ куы тæрынц, уæд уыдоны ныхмæ сыста- дысты æндон фæлтæрæй Уæлахиздзинады хæстонтæ æмæ сын сæ зæрдыл лæууын кæнынц — уыдис 1945 аз, адæмты ныхмæ фыдракæнддзинæдты тыххæй дзуапп дæттын куы бахъуыдис. уьты аз. Дыккаг дунеон хæст уыди цалдæр фæлтæры бæллæх — уы- мæн æмæ йæ сæр систа тæккæ æвирхъаудæр сырдон тых. Ныр- тæккæ бирæтæ дис кæнынц—цы хуызы фæзындис ахæм æб- уалгъ сахъатдзинад — фашизм. О, ахæм æбуалгъ хъуыддагни- куы ма уыд историйы, дунейы адæмты сæфты къахыл æрлæу- уын кæнынмæ чи хъавыд. Фервæзын кæнын хъуыд адæмты, ду- не бахъахъхъæнын хъуыди уыцы æнæкæрон фыдбылызæй, æмæ уыцы цытджын хабар æрцыд 1945 азы майы мæй. Абон мах Уæлахиздзинады тыххæй куы фæдзурæм, уæд фыццаджыдæр хъуыды кæнæм, уыцы егъау циндзинады сæрап- понд хæсты быдырæй чи нал раздæхт, адæймагдзинад æбуалгъ- дзинадыл цæмæй фæуæлахиз уыдаид, уый тыххæй йæ цард чи радта, уыдоны тыххæй. Хатгай нæм афтæ фæкæсы, цыма егъау историон цауты йæ рæнхъон архайджытæ свæййынц æнæном хъæбатыртæ. Нæ, мах зонæм нæ хъайтарты, 1махæй ничи ферох, махæй ницы ферох ис. Фесгуыхæн ис æвиппайды хъуыддаджы, адæймаг куы фæ- царæхса, уæд. Æрвæрттывдау. Чи зоны ахæм сгуыхтдзинад нæсты дæр фылдæр ахады. Фыццаг æркæсгæйæ. Фæлæ уæддæр Байаты Георги æмæ уый хуызæн лæппутæ æмæ чызджыты сгуыхтдзинад æгасæй дæр цард у. Райдиан кæмæн ис, фæлæ кæ- рон кæмæн нæй, ахæм сгуыхтдзинад. Уый уæнæхъæн фæлтæры намыс. Рацæудзæн ма бирæ азтæ, фæлтæр фæлтæры ивдзæн,— цард размæ цæуы. Цы та-иу рох фæуыдзæн дæргъвæтин царды аууон. Фæлæ мæ фæлтæры сгуыхтдзинад баззайдзæн æнустæм. Дуне сæфты къахыл куы лæууыд, уæд æй Георгийы хуызæн удыхъæдджын адæм фервæзын кодтой. Гъе, уымæн у домбай уыцы фæлтæры намыс.
Гаглойты Никъала ÆХСАРДЖЫН ХÆСТОН 1941 аз, декабрь. Уæззау уавæр уыди фронты. Хæххон лæппу Басаты Хазби каст фæцис æфсæддон-политикон ахуыргæнæндон æмæ 1942 азы майы онг фæкуыста 417 топпæхсæг дивизийы по- литхайады инструкторæй, стæй ацыд фронтмæ. Июлы, 1942 азы Мæздæг æмæ Грознæмæ æввахс фыццаг хатт бацыд хæсты тæмæны. ’ ^ Политхайады хистæр Колывонов фæсидт политкусджытæм æмæ сын загъта: — Уавæр афтæ у, æмæ хъуамæ æнæмæнг нæ къухы бафта «удæгас æвзаг». Чи айсдзæн йæхимæ ахæм хæс? — Æз, — цæрдæг фестад Хазби. — Æмæ ды сгарæг дæ? — йæ мидбыл æм фæхудт Колыва- нов. — Сгарæг нæ дæн, фæлæ сгарæгæй ничи райгуыры! — цæх- гæр загъта Хазби. — Уымæй раст зæгъыс, фæлæ сгарджыты цæттæ, ахуыр фæ- кæнынц: — «Удæгас æвзагыл» куы сæмбæлон, уæд уый æвзæр скъо- ла нæ уыдзæн. — Хорз, дæ дзырд уæд, — иу цасдæр ахъуыды кæныны фæс- тае загъта Колыванов. — Æрмæст дæхицæн сæрæн гуырдтæ рав- заР- Дæ зæрдыл дар — ахсджиаг хъуыддагмæ цæуыс. — Ме ’мбæлттæ дæр бæрæг сты. Сæ иу нæхи комбæстаг, йæ ном — Инал, иннæ Буденныйы станицæйаг, йæ мыггаг — Харь- ков. Сæ дыууæ дæр — 1372 топпæхсæг полкæй. 73
— Цæут, уæдæ, рæствæндаг уæ хай! — æмæ йын йæ къух зæрдæбынæй нылхъывта. Зын у æфсæддон сгарæджы куыст. Алы уысм дæр, гæнæн ис æмæ уыцы мæйдары хæрхæмбæлд фæуай дæ разыбадæг знаджимæ, æмæ «удæгас æвзаг» нæ, фæлæ дæ дæхи æвзаг дæр нал фæуыдзæн. Къæрцхъус, хъаруджын хъуамæ уа сгарæг! Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ Хазби йæ дыууæ æмбалимæ бахæццæ знаджы фронты разгæронмæ. Зæххы æмбуар йæхи æруагъта æмæ лæмбынæг ныхъхъуыста. Хъыпп-сыпп никуыцæй цæуы. Тарф фынæй кодтой немыцæгтæ. «Ау, афтид армæй аз- дæхæм? Æмæ уæд мæ худинаг куы ныхъхъæр уыдзæн. Æмæ ка.нд мæхæдæг нæ, фæлæ цы адæмæй рацыдтæн, уыдонмæ дæр — ирон адæммæ дæр мæ худинагæй къæртт куы хауы. Нæ, уын гæнæн нæй!» — хъуыдытæ кодта йæхинымæр Хазби. Бирæ нал уыд бонмæ. Ие ’мбæлттæй сæ иу, Харьков, фæр- сы Хазбийы: — Цы ми кæнæм дарддæр, бонмæ бирæ нал ис? — Цы ми кæнын хъæуы, уый бæрæг у, «æвзаг» агурын — нæ хæс. Куыд аздæхæм æнæ ’вдисæн? • — Æндæр гæнæн нæй? — хынцфарст æй кодта Харьков. — Нæй! — аскъуыддзаг кодта Хазби æмæ дарддæр дзырд- та: — Бонмæ баззад сахаты бæрц. Ныр нæ хъару æмæ нæхæдæг. Инал, ды дæугæ немыцаг хъахъхъæнæгмæ, амонын дын ницы хъæуы, фæлæ цы нæ вæййы — сæр куы бахъæуа, уæд кардæй ар- хай, хъæр кæнын æй ма бауадз. Ды та, æмбал Харьков, цæр- дæг лæу Иналæн баххуыс кæнынмæ. — Хъусын дæм, æмбал командир, — загъта Инал æмæ йæ гуыбыны цъарыл абырыди. Бахæццæ немыцаг фынæй хъахъхъæ- нæгмæ, йæ хæцæнгарз ын срæдывта æмæ йæм автомат ныд- дардта: — Кæд ма дæ цæрын фæнды, уæд цæугæ мæ разæй! — цъæррæмыхстытæй йын загъта немыцагау Инал. — Цæуын... Гитлер капут, — загъта фашист æмæ хуыс- сæгхъæлдзæгæй тæрсгæ-ризгæ фæраст. — Уый дын «удæгасæвзаг»! — хъæлдзæгæй загъта Хазби.— Молодец, Инал. — Нæ хъул тулы, — загъта Харьков. Боныцъæхæй æрхæццæ сты дивизийы политхайадМæ. По- литхайады хистæр Колыванов байхъуыста Басаты Хазбийы докладмæ æмæ загъта: — Абон у сабат. Райсом немыцæн — улæфæн бон... Къуы- рисæры райдайдзысты размæ бырсын. Зæгъын хъæуы дивизийы командирæн, цæмæй уыдæттæ бахынца. Æмæ æцæгдæр уыцы бон куы ’ризæр, уæд дивизи æмгуырæй анкъуысти размæ. Немыцыл сæмбæлд æнæнхъæлæджЫ цæф. Фæстæдæр политхайады хистæр Басаты Хазбийы хорзæх- 74
мæ куы бавдыста, уæд фыста: «Мæздæг, Старо-Винская, Нико- лаевская, Петровская, Беликовы хутор, Свительниковы хутор æмæ æндæр рæтты Басаты Хазби равдыста стыр æхсар æмæ лæгДзинад; æмæ иннæты дæрразæнгард кодта хъæбатыр хъуыд- дæгтæм». Немыц сæхи цæттæ кодтой ног æрбабырстмæ. Хазбийæн йæ къухы бафтыд, танк кæмæй æхсынц, ахæм топп æмæ ацыд, фронты раззаг хаххыл чи лæууыд, иу ахæм батальонмæ — йæ командир Глушко. Иуахæмы куыддæр æрбабон, афтæ бæрзонд фæцыдысты цъæх ракеттæ, ныггуыргуыр кодтой знаджы танкты мотортæ. Батальоны командир |фергъуыйау. — Хæстонты æраууон кæн æмæ артиллеристтæи зæгъ, цæ- мæй нын баххуыс кæной. Æз цæуын уæртæ уырдæм, — загъта Хазби æмæ танкæхсæн топп айста. Глушко телефонæй дзуры полчъы командирæн: — Немыцы танктæ æрбацæуынц æмгуыр къулау. Куыд бакæнæм? — Фидар лæуут. Архайут танкхалæн гранаттæй. Снайпертæ хъавæнт танкты амбразуртæм. Фæстæмæ — къахдзæф дæр нæ! Хазби ныхъхъавыд фыццаг танкмæ. Фехста, фæлæ ницы. Танк æрбаввахсдæр. Ныхъхъавыд та йæм æмæ — йæ Пиллон скалд. Йæ фæздæг скалд дыккаг танкæн дæр. Танкты фæдыл цыди фистæг æфсад. Не ’фсæддонтæ сæ æмыхст кодтой. Æхстой нæ сармадзантæ дæр. Хазбийы нæмыгæй ссыгъд æртыккаг танк дæр. Уæд иннæтæ фæстæмæ фæзылдысты, ницы рауад се ’рба- бырстæй. Глушко дзырдта полчъы командирæн. — Дæ ныхас дын оæххæст кодтам. Æфсæдцон Басаты Хаз- би ныппырх кодта знаджы æртæ танкы. — Æхсызгон мын у йæ хъайтардзинад. Фехъусын æй кæн- дзынæн дивизийы командирæн. Полчъы командиры ныхас фехъуыста дивизийы командир æмæ афтæ: — Гъе, ахæм хъуамæ уа политикон кусæг! — Колывановæн загъта, цæмæй Хазбийы бавдыстаид Фыдыбæстæйон хæсты ор- денæй схорзæхджын кæнынмæ, снысан æй кодтаиккой дивизио- ны командиры хæдивæгæй политикон хаххыл, цæмæй йын йæ мад æмæ йæ фыдмæ ныффыстаиккой арфæйы фыстæг, ахæм сахъ гуырд кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Уый фæстæ тохты дæр-иу Хазби уыди æппæты тæссагдæр, эеппæты ахсджиагдæр ран. Уымæ гæсгæ диссаг нæу, йæ дæлбар æфсæддонтæ сæ хъæбатыр раздзогыл афтæ æнувыд кæй уыдыс- ™, Уый. 1943 азы дивизийы раз уыди иттæг вазыгджын хæс: Сива- шы цадыл ахизын æмæ Хъырымы зæххыл хæцæн бынат æрцах- сын. Æфсæддонтæн радтой резинæ цырыхъхъытæ. Сивашыл 75
ахизын хъуыд æхсæвыгон. Дивизийы командир бардзырд куы лæвæрдта, уæд загъта: — Сивашыл зын ахизæн у —иугæндзон дзы цæуын хъæ- уы, науæд цъыф йæхимæ ласæгау кæны адæймаджы æмæ дзы арфæй-арфдæр ныхсы. Чи акæндзæн йæ хæстонты Сивашыл? — фæрсы командир. — Кæмæн зæгъат, уый, — фехъуыст кæйдæр дзуапп. — Уый раст у, командиры дзырд хъæлæсмæ æвæринаг нæу. Фæлæ уæддæр барвæндонæй аразгæ хъуыддаг рæвдздæр цæуы. — Бар мын радтут, æмбал инæлар, æз акæндзынæн хæс- тонты. Инæлар зыдта Хазбийы, ахъуыды кодта йæхинымæр æмæ загъта: — Рæствæндаг фæу. Æрмæст дæ рох ма уæд, ахсджиаг хъуыддаг дын кæнæм дæ бæрны. Æмæ цæуын байдыдтой Хазбийы хæстонтæ Сивашы цъыф- бын цады. Раст сæ уæрагмæ ныхстысты æфсæддонтæ цъыфы, фæлæ уæддæр цыдысты æмæ цыдысты æнæрлæугæ. «Бирæ нæ нал хъæуы, нæ тыхтæ æрæмбырд кæнæм!» — цырын кодта Хаз- би йæ хæстонты æмæ сæ разæй лæгæрста. Цас æввахсдæр кодтой цады иннæ былмæ, уыйас тынгдæр æхстой нæ сармадзантæ. Бон æрбацъæх, цады был сæм зынын байдыдта. Æфсæд- донтæ фæныфсджын сты, атындзыдтой, цыма сæ гитлеронты къæхты бын хъæрзæг Хъырымы зæхх йемæ ласта, уыйау. Раз- заг æфсæддон хæйтты фæдыл цыдысты сапертæ, æвæрдтой пон- тон хидтæ æмæ дивизи иууылдæр тындзыдта Хъырымы зæхмæ. Хур скаст, афтæ Хазби ахызт иннæ былмæ, Сырх тырыса æрсагъта Хъырымы зæххыл: — Размæ, æмбæлттæ! Æрцахсæм уал хæцæн бынат! Немыцæгтæ базыдтой хъуыддаг, ихуарæгау райдыдтой алы- гъуызон хæцæнгæрзтæй. Фæлæ хъæбатыр дивизийæн æруромæн нал уыд — ахызт иннæ былмæ Уый æцæгдæр уыди диссаджы цæрдæг агæпп. Немыц уый æнхъæл нæ уыдысты, лидзæг фесты. Ие уæхск уæззау цæф фæци уыцы хæсты Хазбийæн. Диви- зийьькомандир æм рынчынфæрсæг бацыд госпиталмæ, ахъæбыс ын кодта: — Молодец, капитан... Æгайтма удæн тас цæф нæ дæ. Кæд тагъд адзæбæх уаис! — Мæнæн мæ бон у, æмæ тæккæ райсом дæр мæхи рафыс- сын кæнон... — Нæ, нæ, уый сæр нæ нæ хъæуы. Цæй, æнæнизæй ныл сæмбæл. Тæккæ уыцы бон Хазби бакаст дивизийы политхайады га- зеты: «Басаты Хазби æппæты фыцаг ахызт Сивашыл. Разынд æм æмбисонды фидардзинад, лæджыгъæд, æхсар». 1 Уый фæстæ Хазби фæци Сапуны хох, Севастополы горæт 76
сисыны историон тохты, Берлинмæ фæндэг байгомкæнæг Балты гæрон зæххытæ сисыны стыр тохты, фæлæ-иу кæддæриддæр æрымысыд Сивашыл хъæбатыр ахызт. Бирæ тохты фесгуыхт не ’мбæстаг Басаты Хазби. Иу горæты цур та — Ланкос — немыц æваст бырсын райдыдтой махонты ныхмæ. Хазбийы æфсæддон хай фидар æрлæууыд сæ ныхмæ, стыр зиæнттæ æрцыд немыцыл, стæй йæхæдæг абырста размæ æмæ сæ ныддæрæн кодта. Æрмæст тох куы фæци, уæд схъæр кодта, цæф кæй уыд, уый. Дыккаг бон æм бацыд дивизийы ног командир Сиванков: — Бузныг, æмбал майор, дæ лæджыгъæд, дæ хъæбатыр- дзинады тыххæй. — Майор нæ дæн, капитан дæн,— йæ мидбыл æм фæхудт Хазби. — Нæ, нæ, нæ рæдийын, — загъта дивизийы командир. Ьасаты Хазби ацыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг тохтæй суанг фæстаг, уæлахизы тохты онг; уыцы фæндагыл рæнхъон салдатæй сси гвардийы майор, йæ риуыл дары æртæ ордены æмæ авд майданы.
Дзуццаты Д. ХÆСТОНЫ ФÆНДАГ Иу æнафоны нын нæ кæрты дуар æрбахостæуыд. Мæ зæрдæ фæсæххæтт кодта, мæ дарæс тагъд акодтон æмæ рахызтæн уынгмæ. Дыдзы рухс калд уынгæй. Дуар куы ’рбакодтон, уæд мæм разынд бæзæрхыг лæппулæг æфсæддон дарæсы. Иæ сæрыл бæрзонд схæцыд, йæ къухтææмраст æруагъта йæ фæрстыл æмæ мын пымя рапорт лæвæрдта, уый лæуд кодта мæ разы. Исдуг æз дæр æдзынæг лæууыдтæн йæ цуры. Æнхъæлмæ йæм кастæн, цы мæм æрбадзурдзæи. Чи уыд, уый куынæ равзæрстон, уæд хорзау нал фæдæн. Йæхæдæг йæ мидбылты бахудт æмæ мыл атыхст... Хæдзармæ æрбацыдыстæм. Уый разынд мæ рагон æрдхорд... Кæй йæ нал базыдтон, уымæй тынг хæраймаг нæ дæн. Уый дæр мæ, æвæццæгæн, нал базыдтаид, мæ адрес æм куынæ уыда- ид, уæд. Уымæн æмæ рагæй нал федтам кæрæдзи. Хæсты ты- мыгъ Малакийы дæр фæхаста дард йæ райгуырæн къуымæй æмæ ныр цалдæр азы нал банызта абæстаг дон. Уæздан, хæдæфсæрм адæймаг у Бæззаты Георгийы фырт Малакч, йæ сабийы бонтæ арвыста Додоты цъалайы. Бирæ фæ- разгъор-базгъор кодта родтæ, сæныччытæ æмæ уæрыччыты фæс- тæ бæгъæмвадæй. Скъоламæ цæуынхъом куы фæцис, уæд ахуыр- кæнын райдыдта сæхимæ Куасаталы райдиан скъолайы. Ахуыр кодта æвзыгъд лæппу, фæлæ йæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыд, искуы æфсæддон дохтыр суыдаид, уый. Иæ уд, йæ дзæцц уыд æхсæнадон куыст. 1928 азы бацыд ленинон фæском- 78
цæдисы рæнхъытæм. Куыста пионерты радзогæй, фæскомцæди- сон организацийы секретарæй. Цыд рæстæг. Фæскомцæдисы Хуссар Ирыстоны обком æй 1931 азы арвыста кусынмæ Знауыры районы пионерты бюройы сæрдарæй. Фæстæдæр æй снысан кодтой фæскомцæдисы Знауьь ры райкомы организацион хайады сæргълæууæгæй. Цырд, хъаруджын лæппу йæ куыст азххæст кодта намыс- джынæй. Ныфс дзы æвæрдтой районы æмæ областы кусджытæ дæр. Æмæ куыста. Фæлæ дзы рох нæ уыд, дарддæр æй ахуыр кæнын кæй хъуыд, уый дæр. Йæ зæрдæ ахсайдта чиныгмæ. 1933 азы йæ ахуырмæ арвыстой Ростовы рабфакмæ. Скъола каст фæуыны фæстæ 1937 азы бацыд Ростовы медицинон инсти- тутмæ, æмæ та уый дæр æнтысгæйæ каст фæцис 1940 азы. Уы- цы аз æрыздæхт æвзонг дохтырæй йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ йæ кусынмæ арвыстой Хъорнисы рынчындоны хистæрæй. Малаки та ам дæр йæ куыстмæ æрæвнæлдта зæрдиагæй, фæлæ... Фыдыбæстæйон хæсты пиллон нæ нымæг кодта. 1943 азы майы йæм фæсидтысты Тбилисы республикон æфсæддон къамис- сариатмæ. Уым ын йæ бæрны бакодтой дохтырты командæ 18 адæймаджы скондæй Мæскуымæ акæнын. Бæззайы фырт уыцы бардзырд куы сæххæст кодта, уый фæстæ йæ арвыстой Хурны- гуылæн фронтмæ æмæ нысан æрцыд медико-санитарон батальо- ны хирургион хайады ординаторæй. Уæд тынг карз тохтæ цыд немыцаг тыхæйисджытæй Смоленск ссæрибар кæныныл. Уыцы тугкалæн тохты активон хайад райста, Малаки кæмæн раза- мынд кодта, уыцы батальон дæр. Горæт сæрибар æрцыд зна- джы къухæй. Фæлæ хæсты быдыры не ’фсæддоитæй баззад дзæвгар цæфтæ æмæ мæрдтæ. Малаки уыцы бонты баййæфта бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ. Цæфтæй дзæгъæлы макæй ныууа- дзын, уыдонæн хос кæнын, операцитæ сын аразын æнцон хъуыд- даг нæ уыд. Иу æмæ дыууæ салдаты цард нæ байста мæлæты дзыхæй Бæззаты Малаки уыцы бонты. Немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ Бæззайы фырт хъæбатыр тох кодта кардæй æмæ нæмы- гæй дæр. Иуахæмы та горæттæ Ельня æмæ Рига ссæрибар кæ- ныныл тохты Бæззайы фырт равдыста стыр хъæбатырдзинад æмæ йæ схо’рзæхджын кодтой «Сырх Стъалыйы» орденæй Малаки ма активон хайад райста Японы империализмы ныддæрæн кæныны дæр. Хæсты, йæ иннæ æнтыстытимæ абаргæйæ, Малакийæн уæл- Дай фылдæр сты йæ фæллойадон сгуыхтдзинæдтæ. Иæ хæстон архайдтыты рæстæгæй йæ зæрдыл хуыздæр лæууынц ахæм цау- ’гав. Астæуккаг медицинон персоналы бригадæйы сæргъ лæугæ- йæ, иу суткæйы дæргъы сарæзтой 114 алыгъуызон уæззау опе- рацийы. Уыдис ахæм хабар дæр. Бæззайы фырт иунæгæй баз- зад, фæсфронты госпиталон базæмæ аласын кæй хъуыд æмæ транспортон фæрæзтæ ссарæн кæмæн нал уыд, ахæм рынчынти- мæ. Цæфтæй иуæн йæ галиу уæхсчы зиллаккыл æвиппайды 79
фæзынд газы гангренæ. Бахъуыдис æй тагъд операци кæнын> Æххуысгæнæг та йын салитаркæты йедтæмæ ничи уыд. Фæлæ Малаки нæ фæтыхст. Йæ арæхстджын къухтæй та бавнæлдта æмæ рынчыны цард байста мæлæтæй. Ахæм цаутæ бирæ уыд уымæн йе ’фсæддон ^царды. Бæззаты Малаш хæдæфсæрм адæймаг у æмæ йæм зын кæсы йæхи тыххæй исты рацзурын. Æлгъин у ныхас кæнынмæ. Æниу æнæуи дæр бæрæг у, цар- ды йын бирæ æфсæддон æмæ фæллойадон сгуыхтдзинæдтæ кæй ис, уыи. Уæдæ йын фараст орден æмæ медалы цæй тыххæй радтой, кæнæ йæ буарыл уыйбæрц нуæстæ цæмæн ис? Медицинæйы службæйы дæлбулкъон Бæззаты Георгийы фырт Малаки ныртæккæ дæр службæ кæны Советон Æфсады æмæ цæстуарзокæй ауды нæ райгуырæн бæстæйы хъахъхъæн- джыты æнæниздзинадыл.
Бæдоаты Л. ГВАРДИОН ХÆЦÆНГАРЗ- ГВАРДИОНЫ КЪУХТЫ Мæлæт немыцаг фашисттæл! — ахæм уыд советон адæмы иунæг хъуыды, гитлерон Германы æрдонгтæ гадзрахатæй нæ Райгуырæн бæстæмæ куы ’рбалæбурдтой, уæд. Знаджы ныхмæ сыстадысты стырæй, чысылæй. Æмдых, æмзондæй тырныдтой ал- цæмæй дæр фронтæн баххуыс кæнынмæ. Намысджын кусæг къла- сы æххуысæй нæ ахуыргæндты къухы бафтыд цыбыр рæстæгмæ ног тыхджын хæцæнгарз — гвардион минометтæ («Катюшæ»-тæ) саразын. Уыдон лæвæрд цыдысты, Райгуырæн бæстæйы сæр- вæлтау йæ цард дæр чи радтаид, фæстаг туджы æртахы онг тохмæ цæттæ чи уыд, ахæм æхсарджын, ныфсджын адæмы арæхстджын къухтæм. Гвардион минометты фыццаг, аст полчъы арæзт куы цыдыс- ты, уæд уырдæм бахауд ирон лæппу Бæтæгаты Солтанбег дæр, æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты кæронмæ нал фæхицæн «Ка- тюшæ»-тæй. Зилгæйаг æвзонг лæппу, рабфак фæуыны . фæстæ, бацыд, хъæууонхæдзарадон институтмæ. Уалынмæ йæм фæсидтысты Советон Æфсадмæ. Цалдæр ыæйы фæстæ æрвыст æрцыд Ленинграды Фыццæгæм Сырхты- РЬ1саджын артиллерион училищемæ. Курсант ма уыдис, афтæ- м*й райдыдта Фыдыбæстæйы хæст. Æмæ йæ иннæтимæ иумæ ^взелтæрдæй бахъуыд немыцаг фашистты ныхмæ хæстмæ ба- Цæуын горæт Кингисепы раз. Фыццаг хæстон фæлварæн! Фи- Дар зæрдæйы хицауæй, æдæрсгæ æмæ æхсарджынæй равдыста иæхи. Командæкæнынап зæрдиаг арфæ ракодта курсанттæн се нтыстджын зæрдиаг а.рхайды тыххæй. Уый фæстæ — ногæй 6* 81
ахуыр училищейы. Каст æй фæци, хæсты райдайæнæй мæй дæр нæма рацыд, афтæ, райста лейтенанты ном æмæ йæ арвыстой Мæскуыйы хæстон округмæ. Æрмæст ныр бамбæрста, зын сахат сæ бæстæйы столицæ- мæ цæмæн арвыстой, уый: ам арæзтой гвардион минометты фыццаг полчъытæ. Иу бон æм фæдзырдтой æмæ йын загътой: — Арфæ дын кæнæм, гвардион минометты взводы команди- рæй нысангонд кæй æрцыдтæ, уый фæдыл. Нæ зæрдæ дарæм, ног советон хæцæнгарзæй знаджы æхсарджыпæй кæй дæрæн кæндзынæ, дæ алы нæмыг дæр нысаныл кæй æмбæлдзæн, ууыл. Чысыл ирон адæмы минæвармæ парти æмæ Советон хица- уад равдыстой стыр æууæнк, радтой йæм, ныронг немыцаг окку- панттæ йæ тых кæмæн нæма бавзæрстой, кусæг къласы, нæ ахуыргæндты æнувыд æмæ сфæлдыстадон фæллойы фæрцы къу- хы чи бафтыд, уыцы хæцæнгарз. Æмæ фырцинæй цы дзуапп радтаид, уый дæр дзыхы нал бадти, стæй фæныфсджындæр æмæ загъта: — Бузныг уе ’ууæнккæй! Ме ’фсæддон ардхæрды амынд сты мæ хæстæ. Уыдон никуы ферох кæндзынæн цыфæнды зын уавæрты дæр. Бæтæджы фырт «Катюшæ»-ты полчъытæй иумæ ацыд Хус- сары фронтмæ. Знаг бырста Таганрогмæ, Ростовмæ. Сæвзæрд тынг тæссаг уавæр. Ардæм æппæрст цыдысты ног æмæ пог тыхтæ. Хæдтæх- джытæ уæлдæф иу минут цух нал уагътой. Сæйраг хæс уыдис гитлеронты тыхтæ, уæлдайдæр сармадзантæ æмæ хæдтæхджытæ цас æмæ кæм сты, уый базоньгн. Командæкæнынады бардзырд- мæ гæсгæ уыцы хъуыддаг бабар кодтой батарейы командир, ди- визионы разведкæйы хицау Бæтæджы фыртæн дæр. Уый йе ’ххуысгæнджытæ æмæ разведчиктимæ иумæ стыр зын æмæ тæс- саг уавæрты кодта сгарæн куыстытæ. Куыд сбæрæг, афтæмæй Таганрогæй Ростовы æхсæн немыцæгтæн уыд аэродром, сæ раз- ведкæгæнæг хæдтæхджытæ дæр уырдыгæй тахтысты; аэродро- мы раз та — артаджы егъау скъладтæ. Уый тыххæй Бæтæджы фырт фехъусын кодта полчъы командирæн. Хуыздæр ма йæ цы хъуыди! Уый амынддзинадмæ гæсгæ «Катюшæ»-тæ арт суагъ- той амынд аэродром æмæ артаджы скъладыл. Дæ фыдгул дæр афтæ! Æртæ разведкæгæнæг хæдтæхæджы гæбазгай фесты, ссыгъдысты артаджы скъладтæ. Ростов рæстæгмæ немыцæгтæ куы бацахстой, уый фæстæ- дæр та Бæтæджы.фыртæн бабар кодтой Доны рахизфарсзнаджы фидæртгы бынæттæ раиртасын. Уый йæ разведчиктимæ цы ма- дзæлттæй нæ пайда кодта, уæддæр къухы хорзæй ницы ’фтыд. Сагъæсы бацыд: афтæмæй куыд аздæхтæуа, цы зæгъдзæн ко- мандыгæнынады минæвæрттæн? Æмæ командир сфæнд кодта: автомашинæйыл разведкæйы взводимæ доны былты дыууæрдæм «’атезгъо» кæнын. Йæхæдæг шофыры фарсмæ, нннæтæ — маши- 82
нæйы гуыффæйы, афтæмæй абалц кодтой. Фондзыссæдз метры дæр нæма ацыдысты, афтæ фаллаг фарсæй арт суагътой алы хæдæнгæрзтæй. Нæмгуыты къæр-къæрæй хъустæ æмыр кодтой. «Тагъддæр, тагъддæр скъæр», — дзырдта командир шофырæн, йæхæдæг нæмгуыты æхситмæ цыдæртæ фыста планшежæйыл æвæрд гæххæттыл. Æнæнхъæлæджы гæрæхтæ йын нæ уыдысты. Уый нæ, фæлæ йæхæдæг домдта уый, знаджы арт, дам, цалынмæ нæ- химæ саразын кæнæм, уæдмæ ницы базондзыстæм уый хæстон «æвæрæнтæй». Хæслæвæрд та сæххæст кæнын хъуыд. Уый сæ- раппонд советон командир æрхъуыды кодта, мæлон, цæрон, уæддæр бардзырд хъуамæ æххæстгонд æрцæуа. Солтанбеджы æрмæг иннæтæй хъæздыгдæр рауад: кæцæй æмæ цæмæй æхстой немыцæгтæ, уымæй бирæ цыдæртæ базыд- та æмæ уый тыххæй сæрыстырæй фехъусын кодта полчъы штабмæ. — Куыдæй дæ къухы бафтыдысты ахæм бæрæггæнæнтæ? — бафарстой йæ уым. Радзырдта хабар. Сгуыхтдзинад! Фæлæ йæ уæддæр комиссар «алхыскъ» кодта: — Чи дын радта ахæм бар? Искуы дæр ма афтæ вæййы? Стыр хъуыддаг сарæзтай, фæлæ уæ куы ныццагътаиккой, уæд та? Зонын хъæуы хи хъахъхъæнын дæр... Разведкæйы бæрæггæнæнтæ фадат радтой не ’фсæддон хæйттæн раст фæндаг равзарынæн æмæ æнтысджынæй абырс- той размæ. Ростов фæстæмæ уæгъдгонд æрцыд. Гитлеронтæ фæлтæрæнтæ кодтой горæт фæстæмæ бацахсыныл. Сæ ныхмæ лæууын хъуыди хъæддыхæй. Бæтæджы фырт командæ кæмæн кодта. «Катюшæ»-ты уыцы батарей басыгъта бирæ танктæ, ми- пометтæ, сармадзантæ, дæсгай фашисттæ ссардтой сæ мæлæт, Волгограды æнæферохгæнгæ цауты рæстæг немыцаг фа- шисттæн Цæгат Ирыстоны зæххыл цы бæрзæйсæттæн цæфтæ ныккодта Советон Æфсад, уый сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æр- Дыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историйы. Бæтæджы фырт уым дæр уыд активон архайæг. Зьгндгонд куыд у, афтæмæй гитлеронтæ хъавыдысты цыфæи- Дыйæ дæр Елхотæй Беслæ’нмæ, стæй та Орджоншшдземæ ныб- бырсын, цал æмæ цал хатты бафæлвæрдтой ууыл, фæлæ та-иу фæсыкк сты. Уыцы рæстæг Бæтæгаты Солтанбеджы «Катюшæ»* ТЬ1 дивизион уыдис Бруты. Уый хъуамæ сбæрæг кодтаид немы« Ды хæстон тыхтæ Елхоты. Командир цалдæр салдатимæ ацыд разведкæйы. Елхотмæ хæстæг бæрзæндтæй фæлгæсыдысты æмæ УЬ1Дтой, уым кæй æмбырд кæны знаджы бирæ æфсæддон тыхтæ æмаэ техникæ. Корпусы артиллерийы штабы куыд бафиппайдтой,. ^фтæмæй раст уыдысты хъусынгæнинаджы бæрæггæнæнтæ. ^’ъуыддаг уыд бæлвырд. Æмæ бардзырдмæ гæсгæ Бæтæджы Фьфты дивизион æмæ ма иу æндæр дивизион сæ тых сарæзтой ЛХ0тмæ, «Катюшæ»-ты арт фæсыкк кодта немыцæгтьг ныб- 83
бырст, размæ нæ, фæлæ сæхицæн мысты хуынкъ туманæй агуырдтой, æрцыд сыл стыр зиæнттæ. Фæлæ бирæгъ йæ кæнон кæм уадзы. Знаг йæ тыхтæ бам- бырд кодта Комсомольскы. Уый куы сбæрæг, уæд та советон æфсæддон корпусы артиллерийы штаб бардзырд радта, Ком- сомольскы знаг цы тыхтæ равæрдта, уыдоны «Катюшæ»-тæй ныддæрæн кæныны тыххæй. Нæ разведкæгæнæг хæдтæхджытæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй «Катюшæ»-ты зынгæй уым сæфт æрцыд бирæ гитлеронтæ æмæ хæстон техникæ. Немыцæг- тæ уыцы «Катюшæ»-ты тых бавзæрстой Цыколайы, Мичурины æмæ Ирыстоны æндæр хъæуты дæр. Бæтæгаты Солтанбеджы «Катюшæ»-ты дивизион активон архайæг уыд Краснодар, Таманскы æрдæгсакъадах æмæ Хъыры- мы æрдæгсакъадах суæгъд кæныныл тохты. Хъырымы Солтанбег базыдта, йæ хо Царицæ цы хæцæг æф- сæддон хайы ис, уый дард кæй нæу, æмæ куыддæр фадат фæци, афтæ йæм тындзгæуад бакодта. Йæ хо — хæстон дарæсы. Афи- цер. Кæд бауырныдтаид Царицæйы, хæсты гуылфæнмæ бахау- дзæн, уый! Рынчыны хъынцъыммæ дæр-иу йæ зæрдæ суынгæг, ныр ссис фидар зæрдæйы хицау, уæззау цæф æфсæддонтæм дæр цыдис ныфсджынæй, æххуыс сын кодта, цæмæй тагъддæр сдзæ- бæх уой æмæ дарддæр бæрзæйсæттæн цæфтæ кæной цыфыддæр знагæн. Сæрыстыр уыди Солтанбег йæ хойæ. Советон Карелийы суæгъд кæныныл тохы ирон афицер уы- дис «Катюшæ»-ты полчъы командиры хæдивæг. Уыцы полчъы æртæ дивизионы равдыстой стыр æхсар æмæ лæгдзинад: сæ тыхджын æмæ раст цæфтæй размæцæуæг иннæ æфсæддон хæйттæн фадат сарæзтой дон Свиры сæрты ахизынæн, срæмыгъ- той знаджы хъахъхъæнынадон фидæрттæ. Уый фæстæ Бæтæджы фырты «Катюшæ»-ты арвыстой Мур- манскы ’рдæм. Знаджы фæстæмæ тæргæйæ, йе ’фсæдтæ æма^ йын йæ техникæ дæрæн кæнгæйæ, нæ полкъ иннæ советон æф- сæддон хæйттимæ ахызт Советон Цæдисы æмæ Финляндийы арæныл, стæй та бахызт Цæгат Норвегимæ. Ныр Бæтæджы фырт командæ кодта полкъæн. Фронты уыцы хайы хæст куы ахицæн, уæд «Катюшæ»-ты полкъ арвыстой Забайкальскы фронтмæ. Ардыгæй Советон æф- сæдтæ ныббырстой æмæ ныддæрæн кодтой Японы тæккæ тых- джындæр æфсæдты. Ам дæр Бæтæджы фырты полкъ Манголы Адæмон Республикæйы горæт Чойбалсаны цурæй «Катюшæ»- тæй бæрзæйсæттæн цæфтæ ныккодта япойнаг æфсæдтæы, ахызт Хинганы стыр æфцæгыл. Советон хицауад стыр аргъ скодта коммунист Бæтæгаты Солтанбеджы хæстон сгуыхтдзинæдтæн — саккаг ын кодта Сырх Стъалыйы дыууæ ордены, Сырх Тырысайы, Фыдыбæстæ- йы хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæнты, Кутузовы æртыккаг 84
къæпхæны ордентæ, стæй авд майданы. Дыууадæс хæрзиуæджы йæ риуыл цæхæр калынц. Уыдон бæлвырд æвдисæн сты, Фы- дыбæстæйы Стыр хæсты азты цы лæгдзинад равдыста, уымæн. Æмæ уæд йæ хо Царицæйы хъысмæт та куыд рауад? Хæс- ты кæронмæ фæци æфсады. Дзæбæх кодта рынчынты. Алы ран дæр ын уыди кад æмæ намыс, йе ’вæрæн бахаста Уæлахиз фæ: тагъддæр кæньшы фæрнæйдзаг хъуыддагмæ. Хъæбатыр сыл- гоймаг йе сгуыхтдзинæдты тыххæй райста æртæ майданы. Сыз- дæхт дзæбæхæй æмæ дохтырæй кусы Хуымæллæджы поликли- никæйы.
Пухаты Илья ХÆСТЫ ХЪАЙТАР 1942 аз. Майы мæйы фронты хахмæ æввахс аэродромтæй сæ иумæ æрбацыдысты æвзонг тæхджытæ. Уыдонæй иу уыд бæрзонд æмæ домбай лæппу — цхинвайлаг’ Бегалов Владимир. Уый йæ цæст ахаста, аэродромы цы хæдтæхджытæ лæууыд, уы- доныл. Хъуыст моторты унæр. Цæсты фæныкъуылдмæ æртæ хæдтæхæджы стахтысты æмæ ныгуылæны ’рдæм атындзыдтой. Владимир сæ фæдыл каст, фæлæ уыдон уайтагъд мигъты бацы- дысты æмæ ’нал зындысты. Ног тæхджытæй алчи лæууыд йæ хæдтæхæджы цур, сæхи цæттæ кодтой æцæг хæстон атахтытæм, тæхджыты скъолайы сын цы амыдтой, уый æххæст ’кæнынмæ. Цы æртæ хæдтæхæджы атахт, уыдон фæстæдæр фæд-фæдыл æрбадтысты. Дыууæ тæхæджы уайтагъд æрхызтысты сæ маши- нæтæй, фæлæ æртыккаг тæхæг нæ хызтис. Уайтагьд æм баз- гъорстой. Владимир дæр бацымыдис кодта æмæ бауад уыцы хæдтæхæджы цурмæ. Тæхæджы сæ хъæбысы æристой зæхмæ, йæ цæсгом тугæй нæ зынд. Куыд рабæрæг, афтæмæй æртæ тæ- хæджы фембæлдысты немыцаг авд хæдтæхæгыл æмæ сын ба- цайдагъ тох. Советон тæхджытæ тох кодтой хъæбатырæй, зна- джы хæдтæхджытæй æрыппæрстой æртæ æмæ фæстæмæ сæ аэ- родроммæ рацæйтахтысты. Фронты сæрты куы тахтысты, уæд сæ ныхмæлæууæджы зенитчиктæ æхсын райдыдтой, тæхджытæй иу уæззау цæф фæци, фæлæ уæддæр йæ аэродроммæ æрбахæц- цæ.Цæф тæхæджы ауьшгæйæ, Владимир .хъуыдыты ацыд. Са- хаты размæ лæг дзæбæх, æнæниз уыд, ныр ма йæм бакæс, йæ с^ер нал уромы, йæ туг кæлы, фервæздзæн ма æви нæ, уый дæр бæрæг нæу... 86
Уыцы бон лзæры полчъы комиссар ныхас кодта æвзонг тæх- джытимæ. Цæф тæхæджы кой дæр скодта. «Фашистон зенит- чиктæ йын йæ хæдтæхæг сыхырнайау фæхуынчъытæ кодтой, йæ сæр фæцæф, фæлæ уæддæр руль не суагъта, æрбаздæхт æмæ, хæдтæхæгыл ницы зиан æруадзгæйæ, æрбадт. Дыккаг бон Бегалов фыццаг хатт атахт хæстон хæс æххæст кæнынмæ. Бомбæзгъалджытæ уæззаугай тахтысты. Бегаловæн æндæр тæхджытимæ иумæ бахæс кодтой бомбæзгъалджыты фæндараст кæнын æмæ сæ ныхмæлæууæджы истребителтæй ба- хъахъхъæнын. Фронты сæрты куы фæцæйтахтысты, .уæд сæ зенитчиктæ æхсыи райдыдтон, фæлæ дзæбæхæй ахызт фронты сæрты. Бом- бæзгъалджытæ сæ нысаны сæрмæ куы батахтысты, уæд сæ мæ- лæтхæссæн уæзтæ калын райдыдтой. Арты пиллонтæ æвзæгтау хæрдмæ ’сæхи ивæзтой. Фæстæмæ та фронты сæрты тæхгæйæ, Владимир уыд ныфс- джындæр æмæ фалæмæ тæхгæйæ нæ тыхст, кæд та йæ алфæм- блай зенитчикты пæмгуытæ хæлдысты, уæддæр. Уый фæстæ Бегалов æрвыл бон дæр тахт æмæ сфæлтæрдта тохты. Фæлæ иу хатт, чысыл ма бахъæуа, знаджы амæттаг фæуа. Уæлдæфы фемба^лд знаджы хæдтæхджытыл, уыдон уыдысты фопдз, уый та иунæг. йæхи сæ иувæрсты айстаид, уый йæ сæр- мæ нæ бахасга æмæ сæ æхсын райдыдта пулеметтæй. Знаджы хæдтæхджытæй пу ссыгъд æмæ йæ пиллон калгæ æрхауд. Бе- галов уыцы карз тохы фæцис уæззау цæф, фæлæ уæддæр йæ хæдтæхæг раирвæзын кодта фронты сæрты. Иæ цæСтытæ тары- тæ кодтой, йæ тыхтæ та къаддæр, йæхи ныффидар кодта æмæ æрбатахт йæ аэродроммæ. Уайтагъд æм камиссар базгъорста æмæ йын йæ сæр бабæттын кодта. Фæстæдæр куы фæфидардæр, уæд æм камиосар госпиталмæ бацыд æмæ йын раарфæ кодта знаджы хæдтæхæг кæй æрыппæрста æмæ йæ хæстон орденæй кæй схорзæхджын кодтой, уый сæраппонд. Æмархайд æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæнын у советон тæх- джыты закъон. Бегалов Владимир æмæ Федор Балюнæн коман- дакæнынад бахæс кодта фашистон бомбæзгъалджыты ныхмæ атæхын. Мигътæй ницы зындис. Владимпр æмæ Федор мигъты ’хсæнты атахтысты æмæ фембæлдысты фашистон хæдтæхджыты стыр къордыл. Владимир радиойæ фæдзырдта йе ’мбалмæ. — Ды уал сæ цæв, æз дæ хъахъхъæндзынæн. Федор атак<æ кæнын райдыдта. Иу бомбæзгъалæг, сау бæз- Джын фæздæг йæ фæдыл уадзгæ, йæ сæр ахаста зæхмæ. Федорæн йæ нæмгуытæ куы фæцæйфæуд кодтой, уæд та ^егалов абырста атакæмæ æмæ йæ йæ хæлар та хъахъхъæмгæ кодта. Владимнр знаджы хæдтæхджытæй иу æрыппæрста. Фа- шистон бомбæзгъалджытæ фæтарстысты æмæ фæстæмæ лидзын- л1æ фесты. Дыууæ хæлары — Владимир æмæ Федор сæ хæстон хæс ит- 87
тæг хорз сæххæст кæнгæйæ, сæрæгасæй баздæхтысты сæ бы- натмæ. В. Бегалов Сырх Æфсады службæ кæнын райдыдта рæн- хъан æфсæддонæй æмæ ссис гвардийы кашитан. Знаджы дæрæн кодта Харьков, Ленинград, Курск, Орел, Ржев, Невель, Кенигс- берг æмæ æндæр рæтты, хайад иста Берлин сисыны æмæ фашис- тон Германы фæстаг ныхмæлæуд ныссæттыны сæраппонд тох- ты. Уæлдæфон тохты æрыппæрста знаджы хæдтæхджытæй авд. Стыр аргъ скодта Советон хицауад Бегалов Владимир Яко- вы фырты хъæбатырдзинад æмæ хъайтардзинадæн. Схорзæх- джын æй кодта фондз хæстон орден æмæ æртæ медалæй, уыцы нымæцы дыууæ Сырх тырысайы орденæй. Уæлахпзы фæстæ фæстæмæ йæ райгуырæн горæт Цхинвалмæ æрыздæхтис æмæ кусып райдыдта сабырадон фронты.
Пухатьс Пъетре ЙÆ РАХИЗ ЦОНГ ДÆР НÆ БАВГЪАУ КОДТА Ивгьуыд аз æз улæфыдтæн Сау денджызы былгæроны, го- рæт-курорт Геленджикы. Пляжы бандæттæй иуыл бадгæйæг кастæн чиныг. Мæ фарсмæ æрбадт иу ацæргæ уырыссаг лæг. Æз мæ чиныг бахгæдтон æмæ йæ æрæвæрдтон мæ фарсмæ. Ацайдагъ нын ныхас. Уый куы базыдта, æз ирон дæн, уæд фæ- къæртт дзурынмæ: — О, дæ бон дæ уа, ирон зæгъыс?.. Мæнæ ацы ран цъаммар фашистты æгъатырæй чи куынæг кодта, уый дæр ирон командир уыд—Бежанов Димитри Раздены фырт. Уæдæ! Æнæхъæи Кубан сæрыстырæй дзурынц уыцы цæхæрцæсты ном. Майор, дам, уыд. Уæлæ, дам, Хъайтарты бæрзæндыл йе ’фсæддон хаим-æ æнæ- хъæн батальон скуынæг кодта пулеметтæй, цыппар танчы та, зæгъынц, гранаттæй ныппырх кодта. Стæй, дам, уым фæцæф æмæ, дам, бæрзæнды уæлæ хъайтарон æгъдауæй фæмард. Нæ гораоты йын цыма цырт æвæринаг дæр уыдысты. Мæнæн æхсызгон уыдысты зæронд лæджы ныхæстæ æмæ йьш загътон: — Бежанты Димитри сæрæгас у, цæрæм иу горæты, хæрз- ^ввахс уынгты. Фæлæ мыл дæ ныхæстæ цымыдис бафтыдтой. Ахазм хъæбатырдзинæдтæ равдис æмæ дæхи афтæ дар, цыма «сппындæр ницы фесгуыхтæ... — Гъе, уый та у йæ дыккаг лæгдзинад, — балхынцъ кодта 3*фонд лæг æмæ мæ цурæй сыстад. — Цы тагъд кæныс? — бафиппайдтон æз. — Мæ чызджы чызг Машенкæйæн æхсыр фæхæссьш аца- Ф°н, — æмæ фæцæуæг. яо
Геленджикæй иæхимæ куы ’рцыдтæн, уæд фембæлдтæн Бе- жанты Димитрийыл. Радзырдтон ын кубайнаг зæронд лæджы ныхæстæ æмæ йæ афарстон: — Дæ хорзæхæй, исты рæстдзинад сæ уыди? — Уыди, фæлæ иунæг æз нæ уыдтæн. Уый дын мæ полчъы хабæрттæ кодта. Æмæ уый та, Стыр Фыдыбæстæйы хæсты рæс- тæджы удуæлдай тохты, æцæгдæр, равдыста бæрзонд ндеалтыл хъомылгонд советон адæймаджы фидар удыхъæд. Полкъ цы тохы намысджын фæндагыл ацыд, уыцы документтæ Мæскуы- йы архивты сты. Мæнмæ дзы ис æрмæст цалдæр копийы — æмæ сæ хæдзармæ фæцæуæг дæн. Димитри мын мæ разы авæрдта гæххæттыты папкæ. Æз сæ цымыдисæй райдыдтон фæлдахын. Гæххæттытæй би- рæта? фæбур сты. Рæстæг сыл йæ фæд уагъта. Мæнæй дæр ма, сæ иутæ фыст æрцыдысты 25 азы размæ. Кæсын, фæлдахын сæ. Мæ цæстытыл уайынц Стыр Фыдыбæстæйы хæсты уæззау тохты азтæ... Мæнæ хæрз цыбыртæй Бежаны фырты цард æмæ тохы фæн- даг. Райгуырд Дзауы районы Бежанты хъæуы 1911 азы. 1929 азы Цхинвалы колхозон фæсивæды скъола фæци каст. Дарддæр пионерты организацийы хистæр, фæскомщæдисы райкомы сек- ретарь, Мæскуыйы индустриалон педагогон техникум, Хуссар Ирыстоны куыстадон Адкомы инспекторы бынат; дарддæр Со- ветон Æфсады рæнхъытæ. Батайскы авиацион скъола, фæском- цæдисы Хуссар Ирыстоны обкомы секретарь, газет «Комму- тсты» редакци, афицертæцæттæгæнæн курсытæ, хистæр ле\\- тенанты ном. Хуссар Ирыстоны областон æфсæддон Комиссариа- ты кусæг. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты иу заманы Знауыры районы æфсæддон комиссар, уырдыгæй та хæстмæ — фистæг æфсады æхсæг ротæйы командирæй. Тохы уæззау бонтæ: станицæ Шес- терниково, Крымская, фыццаг цæф, госпиталь, ногæй та хæсты быдыр. Æхсарджын размæбырстытæ, сармадзанты богъ-богъ, пулеметты къæр-къæр, бомбæты срæмыгътытæ... карз тохты уæ- лахиздзинæдтæ, паддзахадон хорзæхтæ; лидзæг знæгты чъыл- дымтæ, сæ мæрдтæ, сæ трофейтæ... Æмæ та ногæй госпиталь... Ацы хабæрттæ мын дзурынц, чи фæбур ис, уыцы документтæ... Сдзæбæх та Бежаны фырт. Æрцыд, æппæты фыццаг хæцын кæцæй райдыдта, уыцы дивизимæ. Ам иу батальонæн хæс уыд, нæ фронты тæккæ раз цы бæрзонд къуылдым уыд, уый бахъахъ- хъæнын. Немыц сæ уды быцъынæг скъуыдтой уыцы бæрзæнд байсыныл, архайдтой æппæт амæлттæй дæр. Ахазм стыр нысан кæмæн уыдпс, уыцы къуылдымы сæраппонд нæ батальон кодта хъазуатон тох, фæлæ йæ командир фæмард. , Батальонæн уыцы тæссаг сахат командирæй æрвыст æрцыд, уым,ч»й размæ карз хæстыты чи сфæлтæрдта, уыцы хъæбатыр 1)0
азмæ арæхстджын командир Бежаиты Димитри. йæ разы уыд коН’Кретон хæс: ’цыфæиды фæуа, уæддахр немыцæгты къуылдым- ыæ ма суадзын. Азæлыд Димитры фæдисы хъæр: — Коммунисттæ æмæ фæскомцæдисонтæ, мæ фæдыл бæр- зæндмæ! Ныххæррæтт кодтой хæстонтæ. Знæгтæй фæраздæр сты сæ акъоппытæм. Фæлæ мæнæ, гъе, фыдгултæ дæр æрбахæццæ сты. Æхст сцырын ногæй: тохы сæйраг хæцæнгæрзтæ систы гра- наттæ æмæ автоматтæ. Акъоппытæм схæццæ немыцаг танк, йæ фæдыл иннæ дæр. Димитри фæгæпп кодта æмæ танчы бынмæ бавзылдта æртæ гранаты иумæ бастæй. Танк йæ бынаты ныз- зылд æмæ æрлæууыд. Уæртæ иннæ танкыл дæр арт сирвæзт. фæлæ дæлæ сбырынц немыцы стыр танктæ «Тнгр»-тæ иу авд, стæй Бежаны фырт фæхъуыды кодта, зæгъгæ, ацы фæздæджы нæ нал ауындзысты æмæ ныхъхъæр кодта: — Танкæты ныхмæ гранаттимæ мæ фæдыл размæ! Фæгæппытæ кодтой нæ командиртæ æмæ салдæттæ, с<г акъоппытæй ныккалдтой гранаттæ. Таикæтæй чи ссыгъд, уыдон иннæтæ куы федтой, уæд ноджы карздæрæй æхсын райдыдтой. Кæсы Димитри — йæ хæстонтæ хауынц, мæлынц знаджы нæмы- гæй, фæлæ... фæстæмæ здæхæн нæй. Дæлæ та дыууæ танчы ссыгъдысты, сæ хæдфæстæ склад æртыккаджы фæздæг. Иннæ- тæ фæстæмæ фæзылдысты. Фæлæ гитлерон фистæг æфсад уæд- дæр бырсынц бæрзæндмæ. Бежаны фырт бардзырд радта. Пу- лимет, скуыстой нæ автоматтæ дæр. Немьщæгтæ ахæм бæрзæй- сæттæ-н цæфæн нæ бафæрæзтой æмæ лидзынмæ фесты, сæ фæс- тæ сæ мæрдтæ æмæ цæфтæ уадзгæйæ. Исдуг фæсабыр къуылдым, Димитри йæ адæмыл йæ цæст ахаста. Уыд дзы мæрдтæ дæр æмæ цæфтæ дæр. Нæмгуытæ æмæ гранаттæй дæр фæцух сты, фæлæ уæддæр загъта ротæты ко- мандиртæн: — Æрбамбырд кæнут нæхиуæтты æмæ знæгты цæфтæ æмæ мæрдты хæцæнгæрзтæ дæр, цæттæ ут ног тохмæ. Немыцæгтæ нæ ныббардзысты ацы хабар. Ныртæккæ рарвитдзысты ног æф- сæдтæ æмæ ам уыдзæн ноджы карздæр хæст. * * # Чысыл рæстæг æрулæфыд батальон. Сифтонг кодтой сæ ав- томаттæ, пулеметтæ, танчы ныхмæ хæцæигæрзтæ — æппæтæй Дæр сæхи æрцæттæ кодтой. Бирæ нæ ахаста сабырдзинад... Дæлæ, гъе, сбырынц та уы- Ды мæлæтхæссæг «Тигр,»-тæ æмæ сæ фæдыл, фосы дзугтау, цæ- Уьпщ тугхор фашисттæ. Фæлæ нырма дæлейау сты знæгтæ, гра- наттæй æхсæн сæм нæма пс, автоматтæй та танкæн цы ракæн- Дзынæ! — Танкты ныхмæ æхст! — ныннæрыд Димитры хъæлæс. Æмæ скуыстой ПТР-тæ, хъазуат тох та самадтой нæ хæстонтæ. Знæг- 91
тыл тæхынц гранаттæ, æхсынц сæ автоматтæй, пулеметтæй: бæрзæнд сыгъдæг æхст, хъæр æмæ ’рдиаг фестади. Судзынц танктæ, зæхх сау адардта немыцы мæрдтæй, фæлæ уæддæр бы- рынц æмæ бырынц уæлæмæ танкæй, лæгæй ногæй-ногмæ. Димитри йæ цонг куыд фæхъил кодта, гранаттæ танкыл ныззыгъгъуытт кæнон, зæгъгæ, афтæ цæнгæты схъис æрбатахт йе ’мбуар æмæ йын йæ рахиз цонг йæ рæбыныл ахауын кодта. Йе ’мбæлттæ æрбакалдысты сæ хъæбатыр командирмæ, æл- лæх, байсæфтыстæм, зæгъгæ. Фæлæ командир хауд хъæлæсæй сдзырдта: — Мæн уадзут... цæвут знаджы танкæты, кæд ма иу здæхт акæниккой. Зæгъут... фæстæмæ æнæбардзырд иу къахдзæф гæ- нæн нæй! Салдæттæ æмæ команднртæ фездæхтысты танкты ’рдæм.. Æхсынц, бырсынц... Чи амæлдзæн, чи аирвæздзæн, уый хъуыды сæ никæмæ уал ис... Димитри ма йæ иу цонгæй трубкæ систа æмæ хъæр кодта дивизийы штабмæ: кæнæ æххуыс, кæнæ Сармадзан- ты æхст... Карз хæсты хъысмæт лыггæнæн минуттæй цал рацыд, уый зын зæгъæн у, фæлæ æвиппайды фæзындысты бомбæзгъалæг хæдтæхджытæ, уæлдæф рызт сæ гуыр-гуырæй. Бæрзæнды иу- вæрсты æрбазылдысты, нызгъæлстой уыцы стыр бомбæтæ знæг- тыл. Иутæ атахтысты æмæ та сæ раивтой иннæтæ. Уалынмæ бæрзæнды сæрты тæхын райдыдтой нæ сармадзанты нæмгуытæ дæр. Дæлæ, гъе, бæрзæндæн дыууæрдыгæйдæр фæтæхынц тан« кæтæ, сæ фæдыл згъорынц гæрзифтонгæй нæ фистæг æфсæдтæ. Сæ сæрты знаджы гуылфæнтæм тæхынц катюшæйы судзгæ сна- рядтæ. Димитры хæстонтæ фæныфсджындæр сты. Ныхъхъæр код- той «Ура-а-а!» æмæ æд гранаттæ, æд автоматтæ фæгæпп кодтой сæ акъоппытæй æмæ сурынц, зындоны артæй йæ сæр æфснайын- мæ чи хъавыд, уыцы гитлеронты фæстейæ. Димитри уæззау цæфæй хуыссы бæрзæнды рагъыл. Уыны хæдтæхджыты архайд, хъусы сармадзанты нæрын, йæ хæстонты «Ура». Фæнды йæ фæгæпп кæнын æмæ ма уыцы танкæтæй иу- дыууæйы пиллон скалын, лидзæг знæгтыл пулемет аскъæрын, фæлæ кæм... йе уæнгтæ йæ коммæ нал кæсынц... йæ, буар æга- сæйдæр бандзыгау, нал æмбары йæ цонджы рыст дæр. Бежаны фырты уæлхъус фæзындысты дыууæ урс халат- джыны æмæ йæ уайтагъддæр санбаты амидæг кодтой. Йæ хæс- тоитæ йын ахастой йæ тохы тырыса дарддæр. Афтæ фашистты сау тыхтæ нал баурæдтой не ’фсады цæфтæ æмæ тард æрцыдыс- ты Кубаны быдыртæй. Ныртæккæ Бежаны фырт у Фыдыбыстæйы хæсты дыккаг къорды инвалид. Фæлæ уæддæр иу ран нæ бады, цæсгомджы- на>й куыста бирæ бæрнон бынæтты æмæ ныртæккæ даер кусы адæмæн лæггадкæньшь/ уагдæттæй сæ иуы сæргълæууæгæй. 92
Пухаты Петъре РÆСТДЗИНАДЫ САЛДАТ 1942 азы немыцæгты карздæр фронт «Голубая линияйы» тæккæ цæхæры уыд 216-æм дивизи æмæ уый иууыл цырындæр тохтæ кодта Кубаны быдырты. Дивизийы дæлхæйттæй иу бата- льоны командир уыд не ’мбæстаг Бежанты Димитр. Уый хъахъ- хъæдта иу бæрзæнд. Бæрзæндæн уыд стыр стратегион нысани- уæг фæйнæрдæм фæлгæсын æмæ тохты архайды къухдариуæг кæнынæн. Уырдæм æргомæй зындысты фронты позицитæ алы- рдыгæй дæр.Ацы бæрзæндыл Димитр æмæ йæ хæстонтæтохкод- той стыр хъазуатæй: цалдæр хатты сæм æрбабырстой немыцы æфсæдтæ, фæлæ алы бырстæн дæр уыдон куынæг цыдысты æвæстиатæй. Уæд немыцæгтæ æхсын райдыдтой сармадзантæй, миназгъалæн æмæ танкæтæй дæр. Сфæлахс Димитры батальон, сфæлмæцыдысты йæ хæстонтæ. Ахæм уавæрты дивизийы стыр ныфс уыд Бекъойты Алекси. Æмæ æцæг дæр февзæрд Бежаны фырты æфсæддонты ’хсæн. Æфсæддонтæ нæ зыдтой Бекъойы фырт чи уыд, уын, фæлæ акъоптыл уайтагъд айхъуыст: æрцыд, зæгъгæ, æфсæддон проку- ратурæйы фæдагурæг æмæ, дам,йæхæдæг зилы акъоппытыл. Алы салдатимæ, дæр, дам, фæныхас кæны хицæнæй. Кæм бахъæуы, Уьщ йæхæдæг æхсын райдайы нæмыгзгъалæй, куы та хæдæх- с^й дæр. Æмæ уый æцæгдæр уыд афтæ: бæрзæндмæ немыцæгтæ кУы æрбафсæрстой сæ артиллери æмæ сæ танкæтимæ, сæ фис- тæг æфсад куы згъордтой хæрдмæ къæр-къæркæнгæйæ æмæ Бе- >каны фырт куы ньгхъхъæр кодта: Размæ! Уæдмæ акъоппы зылд Бекъойы фырт æмæ йæ фидар ныхасæй, æфсæддонты разæн- ^аРД кæнгæйæ, алкæмæн дæр йæ цæстæнгасыл уыдта йæ зæрдæ- Иь1 ахаст. 93'
Дивизийы æндæр хæйттæ чысыл фæстæдæр карз тохтæ рай- дыдтой Греченск æмæ уæллаг Греченскы районты. Ацы дыууæ пункт ссæрибар кæныныл тохты Бекъойы фырт хайад райста канд фæдагурæгон куыст нæ, фæлæ топпæхсын æмæ гранатæй дæр. Кримскы цур уæллаг Греченск куы ссæрибар кодтой, уæд. хæдзæртты чи бамбæхст, уыцы немыцæгтæм Бекъойты Алекси йæхæдæг цалдæр хатты рудзгуытæй бавзылдта гранаттæ, фа- шисттæй ма уынгмæ чи раирвæзт, уыдон та куынæг кодта хæд- æхстæй. Дарддæры тохты ног пъланмæ гæсгæ 216 дивизи немыцаг æфсæдты ныддæрæн кодта æмæ бынтондæр асыгъдæг кодта Донбасс. Ссæрибар кодта Мелитополы æмæ рахызтысты Сива- шы дæттыл. Сивашы фаллагбылгæронмæ æппæты фыццаг баирвæзт, Бекъойы фырт цы полчъимæ уыд, уый. Немыц сфæлвæрдтой сæ тыхтæ: танктæй, фистæг æфсадæй, артнллерийæ. Фæлæ полк йæ плацдарм хъахъхъæдта, цалын- мæ æнæхъæн корпус иууылдæр бахызт, уæдмæ. Ацы хъайтарон уæлахиздзинады тыххæй дивизийæн лæвæрд æрцыд Сивашы ном. Сивашы днвизи йæ дарддæры тохты ссæрибар кодта Джан- къон æмæ хайад иста Симферополь æмæ Севостополь ссæрибар кæныны карз тохты. 1944 азы 12 майы фесты Севостополы ссæ- рибар кæныны фæдыл тохтæ. Ацы тохты стыр хайад райста Алекси. * * * Цыд Сивашы номдзыд дивизи цæгаттаг фронттæм æмæ та Бекъойты Алекси дæр араст семæ. Ссæрибар кодтой Латви æмæ Литвайы республикæты, æрхъула кодтой фашистон æф- сæдтыл Клайпедæйы цур, скуынæг сæ кодтой æмæ ссæрибар кодтой Клайпедæйы. , Ныр аулæфын дæр хъæуы, уæдæ цы! Фæлæ цæй улæфт?! Сивашы дивизи лæвæрд æрцыд Белоруссийы дыккаг фронт- мæ, Ракоссовскимæ. Ам дæр та æдзух хæст æмæ хæст. Бекъойы фырт сиды йæ- химæ, уацайрæгтæй кæй ссæрибар кæнынц, уыдонмæ, фæрсы сæ куыдæмæ цы уавæры бахаудысты уацары. Фарста кæны, цы хъæутæ ссæрибар кæнынц, уыдон адæмтыл æмæ немыцаг афи- цертæй кæй æрцахсынц, уыдоныл дæр. Дæтты скъуыддзаггæнæг документтæ дивизийы прокуратурæйы номæй. Кæм бахъæуы, уым та... æд гранаттæ, æд хæдæхс фæзыны тохы тæккæ карзы. Афтæмæй Цæгат Польшæйы зæххыл афсæрстой æмæ ахæццæ- сты суанг хурыскæсæйнаг Прусси.мæ. Ссæрибар кодтой Прусси- йы, систой Кенигсберджы, бацахстой уыцы стыр горæтты гарни- зон æмæ æрбадтысты дарддæр фæтк æрывæрыны тыххæй. 1 Ам Бекъойты Алекси нысан æрцыд Сивашы дивизийы про- 94
курорæй æмæ стыр зæрдиаг куыст райдыдта хурыскæслжнаг Пруссийы цæрджыты ’хсæн. Кæмæн нæу зындгонд уæды «Августовский лес». Ацы хъæд- ты æрымбæхстысты немыцаг æфсады равзаргæдæр хæйттæ æмæ знагиуæг кодтой бынæттон адæмæн дæр æмæ не фсæдтæн дæр. Совинформбюройы фехъусинæгтæй адæм зыдтой не фсæдтæ Бер- линмæ кæй бахæццæ сты, уый, фæлæ уæддæр сæрнбар нæма уыд Крайовайы ’фсæдтæй Краков. Æрхаудта та «Крайовайы» скуынæг кæнын дæр Сивашы дивизимæ. Уый раздæхт Кенигсбергæй фæстæмæ Краковмæ. Ам та семæ уыд сæ прокурор Бекъойты Алекси дæр. Афтæмæй уыдон 1944 азы 6 июны бафсæрстой хъæдтæм æмæ 2 августмæ ныддæрæн кодтой уыцы равзаргæ æфсад «Крайковайы», 54 мин хæстоны та дзы сæ офицертæ æмæ инæлæрттимæ ракодтой уацары. Стыр удуæлдай куыст та æрхауд ацы ран дæр дивизийы прокурор Бекъойы фыртмæ. Фæлæ куыд фæнды ма уыдаид,. уæддæр Августовский лесыл фæци йе стæр Сивашы дивизи. Æппæт ацы тохты фæстиуæгæн прокурор Бекъойы фырташ йæ хъæбатыр куыст æмæ хъайтарон тохы тыххæй лæвæрд æрцыд бирæ хорзæхтæ. Уыцы нымæцы Сырх стъалы æмæ Стыр Фыды- бæстæйон хæсты П-аг степены ордентæ, хъæбатырдзинады, Кавказ бахъахъхъæныны^ Варшавæйы ссæрибар кæныиы, Ке- ннгсберг сисыны, Германыл фæуæлахизы, Советон Æфсадыл æртын азы сыххæсты, Советон Æфсад æмæ Флотыл 40 азы сæххæсты, Советон Æфсады 15 азы цæсгомджынæй службæ кæ- ныны æмæ фашизмы ныддæрæн кæныныл 20 азы сæххæсты тых- хæй майдантæ æмæ æндæр хорзæхтæ. Бекъойты Никъалайы фырт Алекси райгуырд 1910 азы Хус- сар Ирыстоны Джеры хъæуы. Алекси сæхи райдиан скъолайы фæстæ каст фæцис Тбилисы ирон астæуккаг скъола. 1938 азы та иттæг хорз нысæнттыл фæци Мæскуыйы æппæтцæдисон бара- ды Академи. Йæ ахуыргæнджытæ йын æууæндыдысты йæ тых- тыл, уарзтой йæ æмæ йæ комкоммæ æнæэкзаменæй бакодтой аспирантурæмæ. 1940 азы Алекси каст фæци аспирантурæ æмæ йæ кусынмæ ^рвыстой Хъазахстаны республиюæйы прокуроры хистæр æх- ^уысгæнæгæй. Уый æмрæстæджы ма куыста Алма-Атайы юриди- кон институты уголовон барады лекторæй дæр. Ам уый йæхи Равдыста æвзыгъд æмæ цæсгомджын кусæгæй. Тынг æй бауарз- т°й лектортæ æмæ профессорты сконд, райгонд дзы уыдысты институты студенттæ дæр. 1942 азы йæ арвыстой Ашхабады юРидикон Академимæ. Ашхабады академийы кусгæйæ Алексийæн йæ фæндон сæх- Хав«ст — снысан æй кодтой цыппор æвдæм армийы 216-æм диви- зийы прокуратурæйы фæдагурæгæй. Ацы дивизийы штаб бадт ^аУ денджызы былыл Краснодары крайы горæт Геленджикы 95
æмæ уырдыгæй командæ кодтой не ’фсæддон дæлхæйттыл. Арды- гæй райдыдта йе ’фсæддон службæ Джеры хъæуккаг Бекъойты Никъалайы фырт Алексийæн дæр. 1945 азы ноябры нысан æрцыд Краковы гарнизоны проку- рорæй æмæ та ам дæр æфсæддон уавæрты куыста дарддæр. 1947 азы Бекъойы фырт кусын райдыдта Тбилисы гарнизо- ны прокуроры æххуысгæнæгæй. 1958 азы æмбисы ацы куыстæй ацыд пенсийы æмæ æрыз- дæхт Хуссар Ирыстонмæ. Уæдæй фæстæмæ куыста Хуссар Ирыстоны областон нотарюсы сæргълæууæгæй, стæй — Цхинва- лы райпрокурорæй, 1962 азæй нырмæ та кусы Хуссар Ирысто- ны областон тæрхондоны уæнгæй. Бекъойты Алексийæн йæ цæс- гомджын куысты тыххæй лæвæрд æрцыд сгуыхт юристы цыт- джын ном.
Дзугаты Георги ГЪЕЙ, ДЖИДИ, ИСЧИ!.. Краснодары дардыл атагъатæ. Миты стыр тъыфылтæ, æнæ- нымæц урс бындзытау, æхсæвы уазал уæлдæфы зилахар кæ- нынц. Дуне фæлурсæй зыны йе ’гæрон ног хъæццулы быи. Утæхсæн «æны фæтæнуæхск, фидæрттæарæзт капитан чы- сыл къуылдымы хъуыррæбын дæлгоммæ хаудæй. Иæ кирзæ цырыхъхъы хъус йæ тугæй байдзаг. Чысыл раздæр сæ ротæйы командир, йæ хæстонты сæргъы, размæ бырсгæйæ, фæцæф, йæ риуыл ма иу хæст фæкодта, стæй ахауд æмæ æдзæммард фæци. Фыдгулы дзотæты ныхмæ сæ ротæйы уæд хъазуатмæ акод- та дивизийы политкусæг ацы капитан. Знаджы пулеметтæй дыу- уæйы уайтагъд бамыр кодтой. Фæлæ уыцы рæстæджы коман- дир йæхæдæг дæр æрхаудта. Йæхи æрæмбæрста. Йæ зæрдыл ма лæууы, хæрз æввахс æм минæ куыд фехæлд, йæ хæстонтæ, уырыссаг «ураимæ» размæ куыд асхуыстой, уый. Фæлæ ныр цы фесты, ныр? Иу топпы гæрах, иу сармадза- иы богъ куы никуыцæйуал хъуысы, цыма цалдæр сахаты раз- мæ ацы быдыры цы тугкалæн хæст уыд, уымæн æвиппайды ца- хæмдæр уæйыг йе стыр армæй йæ артоиллюнкал дзых æрбах- г*дта. Урс, пыхиыл тъыфылтæ тайынц капитаны фидар бæрзæ- иыл, йе ’нæдаст уадултыл, тæвд кæны, тæвд. Йе стыр æнгуылдз- тæй ногуард мит æрбалхъивы, сæхимæ-иу, Джеры хъæуы, чысыл лЗДпу ма куы уыд, уæд къæлуайы хынцъы куыд æрбанадта, аф- Тае æмæ йæ акомдзаг кæны... Фæлвары йæ цыппæртыл абырыныл, фæлæ нæй, æрмæст 7- 97
ын цалдæр метры бантыст. Ныттугсур, йæ цæф къахыл цыма къодæхтæ баст ис, афтæ йæ хаты. Айхъусы, ахæссы миты тъьь фылты æхсæнты йæ цæстæнгас, фæлæ ничи зыны, уыны æр- мæст æгомыг тыгъдбыдыр æмæ дзы уæд хъæрзгæ хъæлæсæй сирвæзы: — Гъей, джиди, исчи!.. Иæхи æрысгæрста. Мæнæ йæ пистолет йæ бур хуымпыры. гранат йæ дзыппы. Фæбыры та, фæбыры, фæлæ цадæггай йæ зæрдæ бахъармау. Миты тъыфылтæ йæм ныр æцæг пыхцыл- къах, пыхцъылбазыр бындзытау фæкастысты. Диссаг, йæ цæс- тытыл ауадысты нæ дæр йæ рæсугъд сау цæет, саудзыкку, хæ- ларзæрдæ æфсин, нæ дæр йæ дыууæ фæрдыджы хуызæн чыз- джы, нæ дæр стыр куывдтæ кæмæн фæкодтой æмæ хæстмæ цæу- гæйæ авдæны кæй ныууагъта, уыцы цырд, худæндзаст лæппу, фæлæ газеттæ, газеттæ... Кæддæр йæхæдæг кæй уагъта, уыцы газеттæ. Уæртæ, гъе, ирон «Коммунист» йæ урс базыртыл фес- къæфы миты тъыфылтæ, йæ раззаг фæрстыл хæххон хъæу Сы- байы скъолайы ныв, ам кæддæр, æрыгон лæппуйæ,-ахуыргæнæ- гæй куыста. Фыны фæливæнтау уый нал, фæлæ йæ разы спæр- пæр кодта журнал «Фидиуæг». Йæ цъарыл ын ауыны йæ кæд- дæры редакторы: къæсхуыртæконд Сикъо æмæ кæсæнцæст- джын Чермены нывтæ, ацы капитан та сын бæрнон секретарь уыдис уæд. Фæци та ацы фын дæр. Иæ разы тыгъдæй февзæрд, цалдæр мæйы размæ йæ редактор кæмæн уыд, уыцы æфсæддон газет «Красная звезда». Стъалыйы суагъæтыл миты тъыфылтæ æр- цауындзæг сты, йæ фарсмæ къуыпных, схъæлфындз сырхæфсæд- дон «Максим» пулеметы дзыхæй арты пиллон уадзы. ...Йæ цæстытæ асæрфта. Миты хынцъы та йæ дзыхы акодта. Ныр йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд. Йæ цæстæнгас размæ сарæзта. Кæд æй исты амонд уа, уæд уæртæ дыууæ лæджы рацæуы. Ныр æй уыдон санхаймæ ахæсдзысты. Фæтындзы сæ размæ йæ цып- пæртыл, фæлæ йын цы æнтысы, йæ зæнг уæззауæй-уæззаудæр кæны. — Гъей, джиди, зæгъгæ, исчи, — нал сдзырдта. Ныр уæртæ, гъе, уыцы лæгтæ. Æвиппайды йæ хъустыл ауад æнахуыр ныхасы зæлтæ. «Ау, нæхиуæттæ не сты. Ам мæ уазззау цæфæй ныргæвддзысты»... — аныгъуылд сагъæсты, йæ зæрдæ сгуыпп- гуыпп кодта. Иу стыр дуры фæстæ æрныгъуылд. Йæ гранат сласта. Зæхмæ йæхи тынгдæр нылхъывта æмæ сæм кæсы. Æнæ- мæнг уыдо;н сты... Уæр^æ, гъе, сæ автоматтæ — сæ риутыл зул- мæ, сæ даргъ хъама-кæрдтæ сæ фæрстыл зæбул-зæбул кæнынц. Сæ иуæн йæ сæр цыдæр кæлмæрзæнæй тыхт. Æрбайхъуыст та йæм сæ цыбыр, сæртæг ныхас. Йæ тыхтæ æрбамбырд кодта æмæ сыл гранат ныззыввытт ласта, гæрах анæрыд. Фæздæг куы батад, уæд сæм акаст. Уæртæ дыууæ дæр митыл ныддæргъ сты. Бахылдис сæм тыхамæлттæй. 98
Сæ иуæн райста йæ автомат, иннæ — унтер-афицер та — йæ хызын, цахæмдæр картæ æндæр гæххæттытимæ. ...Мит нал уары. Бæстæ ньширд. Уазал дзæнгæлтæ кæкы. Ныр бонырдæм у, æвæццæгæн. Капитан та фæлвары размæ абырын, фæлæ йæ зæнгиыр бынтон ныкъкъодах, нал æй фæразы. Уæнгсаст æмæ æдыхæй лæууы йæ мидбынат ногуард астæумæ миты. Раздæр тæвд кодта, ныр та — уазал. Стымбылтæ йæ салд цинелы. «Ау, уæдæ ам, дзæгъæл быдыры хъуамæ ныссæлон... Гъей, ДЖИДИ, ’ИСЧИ!..» Фæлгæсы митрухсмæ дард. Ницы зыны, нæ дæр хъæу, нæ дæр адæймаг. Æрмæст дард кæмдæр прожектортæ æгæрон бы- дыр сæ сырх æхсаргæрдтæй ачъеп ласынц, куы та фæвæййынц дзуарæвæрд. ...Йæ сагъæстæ та йæ аскъæфтой суанг йе ’взонджы бон-* тæм. Фынддæсаздзыд чысыл хæххон лæппу ахызт сæ хъæуггаг лæджимæ Дзомагъы æфцæгыл æмæ ныллæууыд Мзуры бын згъæркуыстгæнæн фабрикæйы. Рæвдауынц æй хистæо кусджы- тæ, сæ хъус æм дарынц. Фыццаг мызд, фыццаг хатт бацыд уым ахуырмæ изæры скъоламæ. Фыццаг хатт базонгæ йæхийас бурдзыкку æмæ цъæхдзаст уырыссаг чызгимæ. Мæйрухс изæр- тьииу иумæ кастысты хæххон, галдзармыйас, сыгъдæг арвы ирп, стъалытæм, арф комы æрра фурды бæрзонд, урсбарц схъи- уæнтæм. Йæ цæстыты раз сыстад Ростовы рæсугъд горæт, сабыр фурд Дон. Уым, рабфачы йæ ахуыры азтæ, фæскомцæдисы карз быцæутæ æвзæрынгæнæг æмбырдтæ, Ирыстоны æндæр æмæ æндæр хъæутæ, ахуыргæнæгæй кусгæйæ. Йæ бирæ скъола- дзаутæ — сау сæртæ æмæ бур сæртæ, сабыртæ æмæ фыдуæгтæ, зæрдæргъæвдтæ æмæ æнæмæт чызджытæ æмæ лæппутæ. Æваст фæуазал. Змæлын кæны йе уæнгтæ. Хатт йæ риуьг дзыппыл йæ арм авæры — йæ сырх билет ма схауæд мыййаг ^Рæсугъд хæххон хъæу Рукъ. Мæнæ усгур бацыд Плитæм, кæйдæр саурæсугъдчызгмæфыццаг æф^æрмдзаст мидбыл худг, яевзонг зæрдæйы тæпп-тæпп... Йæ къæбæлдзыг худ йæ сау æрф- гУытæм æрзылдта, афтæмæй кæйдæр фæсдуар — сиахсиуæг. Фэестæдæр чындзхæссæг барджыты кæмтты араугæ зарджытæ... Диссаг у, лæг мæлæты тасы раз куы æрлæууы, уæд саби- иы бонтæй фæстæмæ йæ цардцæрæнбонты цы бавзары, уыдон и^ цæсты раз цæмæн сыстынц, суанг чысыл хабары онг дæр? Капитанæн ныр ам йæ зæрдыл æрлæууыд, 1929 азы ирон номдзыд критик æмæ литературæйы дæсны Тыбылты Алыксан- Дрмæ йæ фыццаг радзырд куы бахаста, уыцы бон. Тыбылы фырт йе ’рттиваг тæнавг пенсне акодта йæ цæстыл æмæ радзыр- Ды сыфтыл уайтагъд разгъордта. Йе ’рфгуытæ куы æлхынцъ фæкæны, куы та йын хъæлдзæг тынг фæвæййынц. 99
Æрыгон автор йæ разы лæууы æфсæрмдзæстæй, кæсы йæм æдзынæг, йæ зæрдæ гуыпп-гуыпп кæны: цы йын зæгъдзæн, куыд йæ зæрдæмæ фæцæудзæн?.. Æрæджиау æм хæлар цæстæй скаст æмæ загъта: — Уадз æй ам, æз æм бæстон æркæсдзынæн æмæ иннæ хатт баныхас кæндзыстæм, ныртæккæ уроктæм тагъд кæнын. Фысс ноджыдæр. >>*. Уæдæй фæстæмæ цал æмæ цал радзырды ныммыхуыр код- ~та! Рацыд ьш хицæн чингуытæ дæр. Райдыдта стыр роман фыс- сын. Йæ фыццаг чиныджы хицæн сæртæ йын мыхуыр дæр уы- дысты. Цас рухс бæляицтæ, базырджын фæндтæ йæм уыд, фæ- лæ стæй ньшнæрыд ацы удхор, зæрдæхсынæг хæст æмæ гъа ныр!.. Мæнæ Уырысы æгæрон атагъайы тугæрхæмттæй дзæ- гъæлмард кæны хæстæн йæ тæккæ тæмæны, тохы сæр æй куы хъæуы, тугдзых, æгъатыр знаг ын йæ Райгуырæн зæхх йæ уæз- зау дæфхадджын цырыхъхъæй куы ссæнды, уæд: — Гъей, джиди, исчи!.. Цард адджын у! Фæлвары та бырын. йæ цыппæртæ куы змæлын кæна, уæд чи зоны ихуазалæ,н ницы йæ бон бауа. Бон дæр дзæбæх æрбарухс. Дард кæцæйдæр хъуысын райдыдта сармадзанты богъ-богъ. Арв .ныйирд, цæст дардмæ уыны. Уалæ та ныллæг къуылдымауæй æрбазынд дыууæ лæджы. «Æ, Уастырджы, ма мæ сæнамонд кæн! Нæхиуæлтæ кал! разыной!» — асагъæс кодта. Кæсы, йæ цæстæнгас сæ ныссагъта. Йæ зæрдæйы ныфсы цырагъ ссыгъд. Уыдон цæуынц, æввахсдæр æм кæнынц. Сæ да- рæс сын гæзæмæ æвзарын райдыдта: хъусджын худтæ æмæ цыбыргомау урс кæрцытæ. Сæ топпытæ — се ’фцæджы ауыгъд. Уый сæ ныр хорз уыны, фæлæ йæ уыдон дæлкъуылдыммæ нæ уынынц. Æниу æй чысыл фæстæдæр фендзысты — се ’рбафтæн раст йæ тæккæ цурты у. «Махуæттæ сты»... цинæй айдзаг йæ зæрдæ. Дæлæ йæм ныр сæ худты ныхыл сырх стъалытæ дæр зынынц. Фæлæ æвиппай- ды фæдызæрдыг... «Фыдгул хин æмæ кæлæн у, кæд мыййаг сырхæфсæддоны дарæс скодтой уыцы налаттæ, уæд сæ сæхи автоматæй», — æмæ æррæвдз кодта йæ хотых... хъусы, кæсы æдзынæг. Уыдон æм хæрзæзвахс æрбацыдысты, сæ дзурын ссыд. — Кæс-ма, кæс, ацы быдыртæ нæхимæ Иры быдырты хуы- ’зæн не сты! Капитан фырцинæй йæ мидбынаты фæбадæг. «Кæд мæ мæ хъустæ нæ сайынц», уæд «ирон ныхас»... Ногæй та йæм æрбай- хъуыст: — Уастырджистæн, хæст куы фæуа, уæд æз нæ хæхбæсты... Капитан сæм ныр æуыцы иу сæнт хъæр фæкодта: ’. —Æфсымæртæ! — йæ цæстытæ цины цæхæртæ акалдтой æмæ рабадт. 100
Уысмы бæрцмæ йæ цуры февзæрдысты бæрзонд, саулагъз сержант æмæ ныллæггомау, тымбылдзæсгом салдат. Дæ раисом хорз, æмбал капитан, нæ иубæстон æфсымæр, — загъта сержант æ.мæ йе ’мбалимæ æфсæддон салам авæрдтой. Капитан сын бузныг загъта, стæй сын йæ цæф зæнгмæ оцамыдта, фенут-ма йæ, зæгъгæ. Уыдон æрывнæлдтой цырыхъхъ ласынмæ. Сержант дзуццæг азр’бадт æмæ йæ дыууæ къухæй хæды зæнгыл, салдатта цырыхъхъ ласы сабыр, арæхстгай. Лæгæн афтæ риссы йæ цæф æмæ йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъывта, иунæг хъæрзыны зæл дзы нæ хъусы. фидар лæууы, фæлæ зæнг ныррæсыд æмæ цырыхъхъ нæ комы æмæ нæ, тынгдæр ыл куы рахæцынц, уæд цæф йæ мид- бьшат, уæрдæхау, сыздыхсы. — Афадут цырыхъхъы хъус! — сдзырдта капита,н æрæджиау а^лхъывд дæндæгты æхсæнты. Сержант æй уайтагъд нарæг, æрттиваг кардæй, суанг йæ >æлфады онг æрфаста. Ныр хæрз’ сабыргай раласта цырыхъх’ь, фæлæ уæддæр цæфы бынатмæ бакæсæн нæй — хæлафы къахыл туг ныхъхъæбæр, афтæмæй рæсыд зæнгыл, дымст лалымау, ныт- тынг, нынныхæст. Сержант та уый дæр арæхстгай сфаста. Зæнгыл дыууæрдæм æрхæстытæ кодта. Капитан «æу!», зæгъгæ, фæкодта æмæ йæ дæндæгты хъыррыст фæцыд. —Ма тæрс, æмбал капитан, — сдзырдта сержант. — Йæ дзыппæй пакет систа, раскъуыдта дзы иу чысыл. Разылдта йæ баклашкæйы сæр, бинтмæ йæ ракъул кодта. Капитаны был- тыл арахъхъы карз тæф ауадис. Лæппу зæнг бæстон æрсæрф- тытæ кодта, стæй йæ бабаста. Фаст хæлафы къах ыл æнгом æр- бавæрдта æмæ та йæ ног æрбатыхта бинтæй. — Цæй ныр хæсгæ! — йе ’мбалмæ бакаст сержант, — фæлæ куыд? — афарста æмæ хъуыдыты ацыд. Стæй йæ цæстытæ ферт- тывтой, йæ даргъ сау æрфгуытæ фæтынг сты: — Æрис-ма дæ хотых, — зæгъгæ, бадзырдта салдатмæ, йæ* хæдæг йæхи хотых дæр æриста йе ’фцæгæй. Дыууæ топпæн дæр сæ джебогътæ рараст кодта, мит æрнадта иу лæгбæрц, стæй хæ- Цæнгæрзтæ кæрæдзийы фарсмæ æввахсгомау æрæвæрдта. Æры- тыдта сыл йæ салдаттаг пæлæз, æрфидæрттæ йæ кодта бæттæн- тæй æмæ капитанмæ бакаст: — Ныртæккæ дæ мах нæ санхайы амидæг кæндзыстæм, æфсымæр, ацы хæдаразгæ лæгхæссæныл,—:æмæ йыл лæдж&ь аРæхстгай æрывæрдтой. Иннæ пæлæз ын йæ уæлейæ æрæмбæрз- 1°й. йæ цырыхъхъ æмæ немыцаг автомат— йæ къæхты цур. ^ае нывæрзæн ын бавæрдтой сæ противогазтæ. Сержант йæ бак- лащкæйы сæр разылдта æмæ цæф лæгмæ бахатыд: — Дæ хорзæхæй, мæнæ ма ам, мæ арахъхъы хайæ ис æмæ Иæ аназ, кæд де уæнгтæ бахъарм уаиккой. Капитан æй райста: 101
— Гъе, Уастырджы, знагыл тагъд кæм фæуæлахиз уæм æмæ та нæ чысыл Ирыстоны зæлланг зарджытæм кæм хъу- сæм, — зæгъгæ, акуывта æмæ уайтагъд судзаг тæнгъæды хъæ лæба райхъуыст баклашкæйы хъуырæй. — Æллæхпæллæх! Джыз)æйлаг арахъхъæй фыддæр куы у, æф- сымæртæ, — бахудт капитан æмæ йæ былтæ асæрфта. — Уæллæй, Джызæл мæ мады ’фсымæртæ <сты æмæ сæ ма ’фхæр,— йæ баклашкæ исгæйæ, загъта сержант худæнбылæй, стæй йе ’мбалмæ бакаст: — Схæц, — зæгъгæ, фæкодта æмæ арастысты. Иудзæвгар ауадысты æнæдзургæйæ, стæй сержант афарста: — Бахатыр кæн, æмбал капитан, фæлæ кæцон дæ, гъе, кæмæй? — Æз дæн хуссарираг, Бекъойтæй, — дзуапп радта уый. — Æмæ уæдæ Бекъойтæй иу фыссæг куы у, Елиоз хуыйны, æнхъæл дæн. Уый дæр хуссайраг куы у! Нæ йæ зоныс? — Æмæ йæ цæмæй зоныс? — афарста сæ цæф лæг. — Иæхи йын нæ зонын лæгæй-лæгмæ, фæлæ йын кастæн йæ радзырдтæй цыдæртæ. Капитан йæ мидбылты бахудт: — Гъей, лæппутæ, бæргæ мæм бирæ пълантæ уыдис. Ра- дзырдтæ нæ, романтæ фыссынмæ дæр æрывнæлдтон, фæлæ ацы æлгъысты хæст... Салдат йæ чысыл цъæх цæстытæ æртъæбæртт-тъæбæртт кодта. — Ау, уæдæ ды æцæг фыссæг Бекъойы фырт дæ? Мæнæ диссаг... Елиозæн байгас йæ хъæдгом, фæлæ хæстонæн нал сбæз- зыд. Æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ та сфæлдыста- дон æмæ æхсæнадон куысты аныгъуылд. Кæддæр талынг æхсæв, йæ туджы мæцгæйæ, Уырысы æгæрон быдыры æрдегзæрдæ- хъармæй йæ цæсты раз цы газеттæ пæрпæр кодтой миты тъы- фылтимæ, уыцы уарзон газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Коммунис- ты» редакциты дæр та бакуыста. Уыд нæ чингуыты рауагъда- ды директор. Цалдæр азы разамынд кодта Хуссар Ирыстоны фысджыты хайадæн. Фæлæ йæ сæйраг архайд уæддæр йе сфæл- дыстад у. Фæстаг дæсфынддæс азы ныффыста иукъорд аиз радзырдтæ æмæ уацауты чингуытæ. Мыхуыры рауагъта йе стыр трилоги «Фатимæйы» æртæ чиныджы. Елиоз йæ царды вазыгджын æмæ гуыргъахъ фæндагыл цы бирæ цинтæ æмæ хъыгтæ бавзæрста, уыдон æй сахуыр кодтой йæ алыварсмæ, адæммæ, сæ кæрæдзимæ ахастытæм фæлтæрд дæстæй кæсын. Уымæ гæсгæ фæстаг азты цы аивадон уацмыстæ ныффыста, уыдоны фылдæр ис царды рæстдзинад, фыссæджы 102
арæхстджын æрмдзæф. Уый ныртæккæ стыр сфæлдыстады æм- рæнхъ æнувыдæй æххуыс кæны не ’рыгон литературон фæсивæ- дæн. Кæсы сын сæ къухфыстытæ, амоны сын сæ аиппытæ, ахуыр сæ кæны зæрдæхæларæй. Хæсты дудгæбæттæ ма йын йæ зæрдыл æрлæууын кæнынц дыууæ хабары: йæ цæф къах та ногæй куы сриссы, рынчын- донмæ цæуын æй куы бахъæуы, уæд æмæ йын стыр бæрæгбон- ты йæ хæстон хорзæхтæ йæ фæтæн риуыл куы бакæнын кæнынц, уæд уыцы хабар. Бекъойы фырт ныртæккæ кусы ног гуырахстджын уацмыс- тæ фыссыныл. Бантысæд ын йæ бирæ чиныгкæсджыты фæндиаг.
Лазарты X. БИНОНТЫ ХЪЫСМÆТ Холысты хъæуы цæрæг Беккуызарты Тасолтан æмæ Хъаз- джери, æппæт хæххон адæмау, уыдысты æнæ зæхх. Октябры революцийы агъоммæ тыхамæлттæй дардтой сæ бинонты. Хъазджерийы æфсымæр Тасолтан рагæй хъуыста, В. И. Ленин мæгуыр цæрæг адæмы цардамонд | саразыныл кæй тох кæны, уый, йæхимæ дæр уыд революцион зондахаст æмæ Уæл- ладжыры комы хъæппæрисджынæй кусын райдыдта коммунис- тон организаци саразыныл. Хæххон адæммæ сыхъуыст Октябры революцийы уынæр æмæ ноджы тынгдæр базмæлыдысты. Тасолтан уыцы рæстæг ссис фидар, зындгонд революционер, Уæлладжыры ревкомы сæргълæууæг. Ралæууыд советон хицаудзинад, æмæ хохæгтæн сæххæст сæ рагон бæллиц: комкоммæ В. И. Ленины амынддзинадмæ гæсгæ сын быдыры радтой зæхх. Раст уыцы рæстæг Хъазджери йæ иунæг гал сифтыгъта хъæ- дын уæрдоны, сæвæрдта дзы*йæ .цыппар фырты æмæ Холыстæй рараст Красногормæ, уым æрынцад йæ бинонтимæ. Паддзахад ын зæхх бæргæ радта, фæлæ йæ цæмæй куыстаид — нæ уыд кусæг фос. Æмæ йæ иунæг гал аскъæрдта Кæсæгмæ, уым æй баивта байрагæй. Байраг куы бахъомыл, уæд Хъазджерийы хæ- дзары дæр фыццаг хатт фæзындис бæх.- Фæстæдæр Хъазджери- йы бинонтæ уыцы бæхимæ бацыдысты, Красногоры цы колхоз арæзт æрцыдис, уырдæм. 104
Бонтæ цыдысты, сæрæндæр кодтой Хъазджерийы фырттæ. Хистæр, Гаппо, 1937 азы бацыд æмæ каст фæцис Цæгирпедтех- никум æмæ Красногоры куыста ахуыргæнæгæй. Уыдис Фыды- бæстæйы Стыр хæсты, куыста партийы Æрыдоны райкомы бæр- нон бынæтты. 1957 азы фæсаууонмæ каст фæцис Цæгат Ирыстоны педаго- гон институт æмæ ныртæккæ кусы завод «Электроцинчы». Уый кæстæр Георы хæст æрæййæфта Сырх Æфсады службæ кæнгæ- йæ, æмæ хæсты райдайæны иуæндæсæм бон хъæбатырæй фæ- мард Каменск-Подольскы. Æртыккаг æфсымзёр Тæтæрхъан 1941 азы июны каст фæцис Буйнакскы æфсæддон скъола æмæ уым баззадис ахуыргæнæгæй. Уыдон кæстæр Таймураз дæр хъæбатырæй архайдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, фæцис цал- дæр цæфы, йæ хъæбатырдзинады тыххæй райста бирæ хæрзиу- джытæ. Ныртæккæ кусы партийы Рахизфарсы райкомы. Кæстæр æфсымæр Алыксандр, уæлдæр ахуырдзинад райс- гæйæ, ны:) цалдæр азы кусы Донбассы, историйы ахуыргæнæгæй, у СЦКП-йы ЦК-йы æнæштатон лектор. Æфсымæртæн ис дыууæ хойы. Хистæр хо кусы Орджоники- дзейы ахуыргонд хæцзарады фелшырæй, сæ кæстæр хо Ольгæ та — консервгæнæ.н заводы, фæсаууон.мæ ахуыр кæны инсги- туты 3-æм курсы. Æфсымæртæ æмæ хотæй алкæмæн дæр ис стыр царды фæн- даг. Æз се ’ппæты тыххæй дзурынмæ нæ хъавын, фæлæ бæл- вырддæр зæгъдзынæн Тæтæрхъаны хæстон фæндаджы тыххæй. «...1943 аз. 2-æм гвардион æфсады 24-æм гвардион дивизи- йы командир инæлар Кошевойы бардзырдмæ гæсгæ Донбассы, Ровенькийы станцæй дивизийæн æмбырд кодтам ног æфсæддон- тæ. Истам, хистæр лейтенант Беккуызарты Хъазджерийы фырт Тæтæрхъан Буйнакскы училищейæ кæй æрбаласта, ахæм æры- гон курсантты. Тæтæрхъанимæ базонгæйæ, стыр цинтæ фæкод- там кæрæдзийыл. Уый фæстæ инæлар Кошевойæн фехъусын кодтон диссаджы цырддзаст, æфсæддон хъуыддагмæ рæвдз лæп- пу Тæтæрхъаны тыххæй. Инæлар Тæтæрхъаны сæвæрдта йæхи разведротæйы командирæй. Суанг фыццаг фæлварæнæй фæстæ- мæ айхъуыстис Тæтæрхъаны арæхстдзинад. ...Уавæр уыдис тынг уæззау. Советон Литвайы фашистон æрдонгтæй суæгъд кæныны тыххæй дивизийы размæ уæлдæр ко- мандæкæнынад цы хæс сæвæрдта, уый сæ тьгнгдæр аразгæ уы- Дис разведкæйы архайдæй. Дивизийы командир Тæтæрхъаны къорды размæ сæвæрдта бæрнон хæс: æнæмæнг уацайраг самал кæныч. Уыцы хæс æххæст кæнгæйæ, къорд райста иу уацайраг, стæй Тæтæрхъан йæхæдæг ныццагъта 12 гитлероны. Разведротæ кадимæ сæххæст кодта йæ фыццаг хæс, Вады хъæуы цур фæлыг кодта, Гавяны Шуктитышнæйæ Гавяны-Ла- нымæ цы стыр фæндаг цыдис, уый. Уыцы цыбыр, фæлæ карз хæсты разведротæ амардта 70 фашисты, ныппырх кодта 4 ав- 105
томашинæйы, 2 мотоциклы, уацары райста æртæ обер-ефрей- торы, фынддæс мотоциклисты. Уацайрæгтæ радзырдтой ахсджи- аг сусæгдзинæдтæ. Ацы ран Тæтæрхъан йæ къордимæ бахауд æрхъулайы, фæ- лæ йæ хæстонтимæ топп æмæ кардæй ратыдтой знаджы цæг. Ноджыдæр ма 11 гитлероны мæрдтæм бацыдысты Тæтæрхъа- нæн йæхи къухæй. Уыцы сгуыхтдзинæдты тыххæй Беккуызарты Тæтæрхъан хорзæхджынгонд æрцыдис Александр Невскийы орденæй. 1945 азы 30 январы Тæтæрхъан, командæкæнынады бар- дзырд æххæст кæнгæйæ, йæ къордимæ бацыдис знаджы чъыл- дыммæ æмæ, æфсæйнаг фæндаг чи бацахста, уыцы фашистты ’хсæн удаистдзинад сарæзта. Къорд ныццагъта 30 гитлероны, афтæмæй не ’фсæддон хæйттæн радта ахсджиаг хæцæн бы- нæттæ бацахсыны фадат. 4-æм февралы та горæт Фишгаузенмæ хæстæг Беккуызары фырт балæбурдта знаджы фæсчъылдым- мæ æмæ та уым, удаистдзинад саразгæйæ, йæ къордимæ ныц- цагъта 40 гитлероны. Хъæбатыр командир уый тыххæй райс- та Фыдыбæстæйы хæсты 1-æм къæпхæны орден. 5-æм февралы хæсты быдыры хъæбатырæй фæмардис нæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд хистæр лейтенант Беккуызарты Т. Хъ. Уый уыдис йæ хъæбатырдзинадæй, нæ бæстæйыл æмæ адæмыл иузæрдиондзинадæй æппæтæн дæр фæзминаг комму- нист». Афтæ фыста хæрзиуæджы сыфы 1945 азы 11 февралы Пере- копаг Сырх Тырысайы орденджын 67-æм твардион дивизийы командир. ...Æвæдза, хорз хъæбултæ схъомыл кодтой хæххон зæхку- сæг- Беккуызарты Хъазджерийы бинонтæ.
Дзадтиаты Тотырбег «ДÆ ЗÆРДÆ МÆМ МА ’ХСАЙÆД» Чи зоны, кæд бафтдзынæн Сындзыхъæумæ æмæ Лакимæтæн йе ’фсымæр æмæ йæ цæргæскаст хæрæфыртты хабæрттæ кæд фæдзурдзынæн? Нæ газет сæ мæнæй тагъддæр фæхæццæ кæн- дзæн æмæ æхсызгон уыдзысты æрмæст Лакимæтæн нæ, фæлæ æфсады кæй уидæгтæ сты, уыдонæн дæр. Дзоцъиты лæппу Бутаты булкъонæй цы зæрдиаг ныхæстæ загъта, уыдан ме <у®нгты ДæР ахъардтой. Коммунисттæ — Со ветон Æфсады стырдæр цæджындз, тых æмæ ныфс, зонд æмæ раззагдæртæ. Куытамæ кæсгæйæ, мæ зæрдыл æрбалæууыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тугуарæн бонтæ. Фронты зындæр æмæ тæссагдæр рæтты-иу фыдызнаджы бырст бауромынæн тых куынæ уал уыдис, уæд-иу командир кæнæ комиссары хъæлæс райхъуысти æрвнæрæгау: — Коммунисттæ, размæ! Цымæ цал хатты баппæрста комм’унист — афицер Бутаты Куыта йæхи хæсты цæхæры йæ салдæтты æмæ афицерты разæй знаджы танкты бырст лæгдыхæй бауромынмæ, фашисттимæ хъээбысхæстмæ, æвирхъау атакæйы цал хатты бацыд? Мæлæт- Дзаг цæфтæй йæ цал хатты рахастой хæсты цæхæр артæй. Куыта сæ йæхæдæг дæр нал хъуыды кæны: бирæ хæтты- ты! Æмæ зын бахъуыдыгæнæн дæр сты. Зæрдыл æрлæууы, йæ кьух сахъатæй цы карз атакæйы баззад, уый. Иннæ цæфтæ дæр ма сдзурынц... Црауаг оидзæр лæппу йæ сонты бонты дæр нæ бæллыд 107
хæсты цытджын хорзæхтæ райсынмæ, булкъоны чин йæ уæхсг чытыл дарынмæ. Ахуыргæнæг! Уымæй цытджындæр æмæ зæр- дæмæдзæугæдæр никæцы дæсныйад кастис Куытамæ. Скъола- йы кæсгæйæ, саби Къостайы «Ирон фæндыр» æнæкæсгæйæ дзырдта. Лев Толстойы «Хъазахъхъæгтæ» æмæ «Хаджи-Му- рат»-æй æнæхъæн сæргæндтæ иронау къласы кастис æнæ чи- ныгæй. Куытайæ-иу ахæм рæстæг æрбайрох, Алагирæй йæ Црау- мæ зымæгон бæгъæввадæй, æмпъызтытæ хæдон æмæ хæлафы цæуын кæй хъæудзæн, уый. Йæ зæрдиаг ахуырæй йын сæрыстыр у йæ хо, йæ ахуыргæнджытæ æмæ дзы æмгæрттæ разы сты... Фæ- уыдзæн каст хъæууон скъола, æмæ... Дзæуджыхъæумæ. Ирон пе- дагогон техникуммæ... Уырдыгæй — скъоламæ! Бæгъæввадæй нæ, ахуыргæнæджы дарæс æмæ зонындзинæдтимæ. Уæдмæ Цра- уы — йæ райгуырæн хъæуы дæр фæзындзæн скъола. Бафтыд йæ къухы йæ фыццаг бæллиц — райстой Куытайы техникуммæ. Фæлæ сидзæрæн æнцон нæ уыд хорз ахуыр кæнын. Хæдзары ’рдыгæй æххуыс кæмæй бадомдтаид? Хæдзар, сидзæр- гæс мады хæдзар, йæхæдæг æххуыс домдта «хистæр нæлгоймæг- тæй». Æмæ «хистæр нæлгоймаг» зивæг нæ кодта техникумы хæринаггæнджытæн суг сæттынмæ, станцæйы вагон вагоны фæстæ æвдæлон кæнынмæ: дарæс, хæринаг, чингуытæ, кино, те- атр, хæдзарæн цæхх, фæтæген... Æхца хъуыдис цæрын æмæ ахуыр кæнынæн. Æмæ сæ сидзæрæн рудзынгæй никуы ничи бап- пæрста. Йæхæдæг амæлттæ кодта... Бирæ тухитæ, фыдæбæтты фæстæ ахуыр æркодта Куытайы йæхи фæндиаг цардмæ, сæххæст йæ бæллиц. Ахуыргæнæг!.. Фæлæ сау мигътæ æнгом æрæхгæдтой Райгуырæн бæстæ- йы арв. Нæ зæхх фæркгай хæрдмæ пхауд, .сыгъдысты хъæутæ æмæ горæттæ. Фашистты танктæ бырстой æмæ бырстой. Ахæм рæстæг лæгдзинад бæрæггæйæн — хæсты быдыр. Æмæ бирæ æфсæддонтимæ Куыта — ротæйы политрук дæр— ныхæй-ныхмæ сæмбæлд знаджы æрдонгтыл хæсты фыццаг бон иæ хурныгуылæны арæныл. Æвирхъау хæсты фæмард ротæйы командир. Йæ бынаты æрлæууыд црауаг лæгапу æмæ цудын нæ уагъта йæ салдæтты. Ныфс, партион зæрдæйы фидардзи- над, советон адæмы рæстдзинад... Кæй бон бауыдзæн царды хурх алыг кæнын! Ахæм фидар зондахастимæ цыдис Куыта дæр милуантимæ хæстон фæвдæгтыл. Бавзæрста хæсты фыццаг азы дудгæбО’Нтæ фронты ахсджиагдæр бырстыты æмæ никуы фæцудыдта. Зын, фæлæ зæрдæйæн æхсызгон мастисæн азты Куыта бырста йæ сал- дæтты разæй фыдгулты ахстоны ’рдæм. Фашистты фидæрттæй иу æмæ дыууæ'"ы чæ ныпиырх кодтой Бутайы фырты цæргæстæ Берлинмæ бырсæн хæцæнты. Уæлахизыл цины гæрæхтææмæ гаджидаутæ — Берлины сау- дарæн æмæ сыгъдæг рейхстаджы цур. , Афон уыдис топп æмæ æхсаргард бафснайынæн. Фæлæ нæ! 108-
/Ефсады, сабырдзинад, адæмы амонд хъахъхъæнæг æфсады хæсты фæстæ дæр ныууадзæн нæ уыд æнæ Бутайы фырты хуы- зæн фэелтæрд, цæхæрæхсыст коммунисттæй. Æмæ Куыта дарддæр йæ службæ.хæссы йæ адæмы амовдæн. ÆХсызгондæр кæм бахъæуы коммунисты тых, зонд æмæ арæхстдзинад, Куы- тайы уырдæм арвиты парти. Лакимæты зæрдæ тынг хорз æмбæрста, йе ’фсымæрæн ден- джызы астæу сакъадæхтæ Дагон æмæ Эзелы уаддымгæйы йæ сабитимæ ног фидæрттæ аразын æнцон кæй нæ уыд, уый. Нæ денджызон арæнты кæрон доны астæу цынæ фыдбылыз фæкæ- сы æфсæддонмæ. Æрдз сабухдзæн, æмæ чысыл зæххы гæбæзты æд æфсæдтæ денджызы бынмæ аивгъуыдтой. Ацу æмæ сæ агур. Æдзух уæлдæфы рабыр-бабыргæнæг фыдгулы разведкæгæнæг шпион «рæдыдæй» бомбæ æрæппæрста сакъадахыл... Цыбыр ныхасæй, ахæм рæтты æдзухдæр — хæстæввонг, æдзухдæр — æрдзимæ хæст. Фæлæ Куыта йæ уавæртæй никуы фæхъаст кæ- ны: коммунисты бынат — тæссагдæр ран, æхсызгондæр кæм хъæуы, æнæ уый хъуыддаг къуылымпы кæм фæкæны, уым! Æмæ уый Бутайы фыртæн йæ туджы ис, йæ кад дæр уымæн бæрзонд у æфсады, йæ ’мбæлтты астæу. Латвийы ЦК-йы уæнг, Ригæйы горкомы уæнг æмæ горсо- веты депутат Бутаты Елмæрзайы фырт Константин йæ архай- дæй бирæ ахъаз кæны нæ арæнтæ хъахъхъæнджыты хæстон цæттæдзинадæн, афицерты æмæ салдæтты хъомыладæн. Æмæ уымæн загъта: «Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд, мæ хо! Уый бæрц азты дæн хæстон службæйы, æмæ иронæй æвзæр æф- сæддоныл нæма сæмбæлдтæн. Æз дæо викуы фæцудыдтон æмæ мын ныр дæр нæу тас фæцудынæй. Ног хæстæй тас у? Ахæм бæллæх мауал æрцæуæд! Фæлæ та не знæгтæм ахæм сæнт- дзæф, æрра зонд куы фæзына, — цæттæ стæм, æркъæппæввонг цæттæ алцæмæ дæр, æмæ цæттæ адæймаг йæхи бахъахъхъæнын бафæраздзæн. Ныр ныл Гитлеры хуызæн гадзрахатæй ничиуал рацæудзæн. Чи рацæуа, уымæн та Гитлерæй фыддæр уыдзæн йæ къона!.. Саламтæ дын, мæ хо!.. Салам дын, нæ уарзон Ирыстон, дæ хæстон хъæбултæй. Зæрдиаг салам!». Салам дын æрластон, нæ буц Ирыстон, дæ сахъ æфсæддон фырттæй, зæрдиаг салам. Кус, рæз æмæ цæр æнæ мастæй, нæ бæстæ! Ныфсджын æмæ амондджын дæ дæ хъахъхъæнджытæй.
Вагаты Барис УÆЛАХИЗЫ ФÆНДАГ Хæст... Стыр Фыдыбæстæйон хæст... Кæй цард, кæй хъыс- нæт ныууагъта йæ адыл, кæмæн радта йæ зæрдæйы фæндтæ, йæ рухс бæллицтæ сæххæст кæныны фадат?! Чи йæ бавзæрста, йæ цæхæры астæу чи бахауд, уыдоиæй кæй зæрдæйы нæ ныууагъта арф хъæдгом! Чи зоны, афоч у йæ байгасæн, фæлæ йын афон дæр «æу. Зæрдæйы хъæдгом афтæ тагъд нæ байгас кæндзынæ. Нæ рох кæнынц гитлерон абырджыты æбуалгъ митæ, сæ фыдракæндтæ. Уыдон цæрæнбонтæм лæудзысты адæмы зæрдыл, худинаджы гакк æвæрдзысты, хæстмæ ма йæ гæрзтæ чи рабæтта, уыдоныл. Æз кæсын мæ хæлзр Иван’мæ. Йе ’рдæглæгуын сæры тенка- йыл, хæрдмæтæхæг ракетæйы фæдау, дæргъæццон нуæсыл нын- дæгъдис мæ цæстæнгас. Мæхнцæн зæгъын: тæхуды, йæ зæрдæ- мæ йын ныккæс. Иудядзыг хъæлдзæг, хъазæгой куы у, цымæ йыл уыцы удуæлдай тохты бындз дæр нæ абадт, уыйау. Ныхас нын ацайдагъ. Зонгæ дæр нæ бакодтам, рæстæг нæ иувæрсты куыд лыгъди, сахаты фат йæ сæмæныл æртæ хатты куыд æрзылдис, уый. Рæстæг. Йæ закъон ахæм у рæстæгæн. Цæ- уы æмæ цæуы. Хæсты цæхæр куы банымæг, æмæ та сæрибары хуры цæст куы разынд тохвæллад адæмтæм, уæдæй нырмæ рацыдис ссæдз азы. Ноджы дæр цæудзæнис рæстæг, ивгъуый- дзысты азтæ, æнустæ, Иу фæлтæр иннæмæ дæтдзæн уыцы стыр тохы не ’фсад, нæ адæмы равдисгæ лæджыгъæд, хъæбатырдзи- нады тыххæй раст дзырд... 110
Цы хорзæхтæ мын ис, уыдонæй мæнæ ацы фондзтигъонæй зынаргъдæр мæ зæрдæйæн никæцы у, — арф ныуулæфгæйæ, загъта Иван æмæ мын мæ къухты фæсагъта тæмæнтæкалæг «Сырх стъалыйы» орден. — Уый .мын мæ зæрдыл æрлæууьш кæны, мæлæты дзыхæй куыд аирвæзтæн, уый. Фурд Дунайы улæнтæ, знаджы нæмгуыты къуыззитт, бомбæты рæмыгъд, сармадзанты æхст... Хъустæ къуырма кодтой, мæлæт^ знаджы æрвитгæ мæлæт зылд нæ алфæмблай, мæ хæстон æмбæлттæй’ бирæты цард ас- къуыдта, донæн бирæ туг фæласын кодта. Уæддæр тындзыдтам. ^ Цæфтæй, тугамæхстæй хызтыстæм Дунайы фаллаг фарсмæ... — ’ загъта æмæ банцад. Бамыр.. Дард кæдæмдæр æдзынæг кæс- гæйæ баззад. Йæ цæстытыл уадысты Дунайы тугæйдзаг улæнтæ. Кусæг лæджы фырт. Хæсты быдыры знаджы ныхмæ хъæ- батыр тох чи кодта, йе схъомылгæнæг ленинон фæскомцæдисы ном чи никуы счъизи кодта, суанг уæлахизы бонмæ, йæ уд хъар- гæйæ, чи тох кодта, уыцы кæддæры рæнхъон салдат Бондаренко Михаилы фырт Иван дыууын азы сæрты фæлгæсы, кæм хæцыд, йе ’взонг туг кæмыты фæкалдта, уыцы бынæттæм... * * * 1941 аз. Август. Горæт Краматорск. Фашистон бомбæ- згъалæг хæдтæхджытæ мæлæтхæссæг уæзтæ калын райдыдтой заводыл. Бондаренко Михаил фæстаг тыхст ныккодта, бирæ азты дæргъы кæуыл куыста, уыцы прокатон станокыл, йæ уадул- тыл, цæппузыртау, æруадысты хъарм цæссыгтæ æмæ ма загъта æрмæст иу дзырд: «Хæрзбон!» Стæй иннæ кусджытимæ иумæ лыгъдысты фæсвæдмæ. Заводы алфæмблай хæлдысты бомбæ- тæ. Кусджытæ нæ ныууагътой сæ завод. Эвакуацирайдыдта сен- тябры мæйы. Михаил йæ заводимæ ацыд Уралмæ. Мады рæв- дыд чи нæбавзæрста, сидзæрæй дзы хæрз чысылæй чи баззад, Михаилы уыцы фынддæсаздзыд лæппу Иван йæхи фæнд ас- къæрдта, баззад йæ райгуырæн горæты. Зенитон æфсæддон ха- йы тынг бауарзтой ныфсхаст, фердæхтджын лæппуйы æмæ йæ суанг 1943 азы онг се ’хсæнæй никуыдæмуал ауагътой. Уыцы азтæй райдыдта хъæбатыр салдаты хæстон фæндаг. Мелитопо- лы Сырхтырысаджын 12-æм штурмгæнæг инженерон-саперон бригадæйы рæнхъон салдат нæ рацыд хæсты быдырæй, цалын- мæ знаг кæронмæ - дæрæн æрцыд, уæдмæ. — Автоматчиктæ нæм фаг ис, — загътой иу бон Бондарен- ко Иванæн йæ хистæртæ. Рулыл бадджытæй фæцух стæм. Хъуа- мэе сахуыр кæнай машинæ скъæрын. Салдатæн хистæры бар- дзырд — закъон. Иван цыбыррæстæгон курсыты хорз базыдта машинæ скъæрын. Хæцæнгæрзтæ, топпы нæмгуытæ, снарядтæ ласта фронты раззаг рæнхъмæ, хæстонты ифтонг кодта æнæ фæ- къуьшымпыйæ. Цал бæстæйы, цал горæты ссæрибар кæныны райста хайад æрыгон хæстон-фæскомщæдисон. Воскресенск, Мелитополь, 111
Симферополь, Керчь, Севастополь... Се ’ппæты ма чн æрымыс- дзæн. Иван мын ме ’уæхск æртъæпп кодта йæ дæрзæг куыст- вæлтæрд къухæй. Фестад æмæ уаты бынæй раласта игæргъуыз чемодан. Иæ дуар ын фегом кодта, фелвæста дзы кæттагæй хуыд къаннæг хызын æмæ мæмæй радта дзыгъалмыгъулгæнгæ. —Фен-ма сæ, ацы медалтæ дын сæхæдæг дзурдзысты, ка> мыты хæцыдтæн, уыдон тыххæй. Æз сæ иугай исын райдыдтон. Уыдон мын, «За отвагу»-йæ райдайгæйæ, «радзырдтой» мæ хæлары хæстон биографи. Уый хайад иста Румын, Болгари, Венгри, Югослави, Чехословаки æмæ Австри ссæрибар кæныны тохты, Будапешт, Венæ æмæ æн- дæ горæттæ штурм кæныны. Æрмæст Будапешт ссæрибар кæ- ныны уæззау тохты фæцæфис æхсæз раны, фæлæ уæддæр нæ ныууагъта тохы быдыр. * * * Фыд æмæ фырт нæ зыдтой кæрæдзи хъысмæт. Агуырдтой дыууæ дæр, фыстой алы рæттæм дæсгай фыстæджытæ. Чи агу- ры, уый, дам, ссары, фæзæгъынц. Иван æмæ йæ фыд Михаил дæр ссардтой сæ кæрæдзи. 1950 азы демобилизацийы ацæуынæй фæстæмæ Бондаренко Иван цæры нæ горæты. Ам ссардта йæ дыккаг райгуырæн бæс- тæ. Æмгаруарзаг лæппуйы йæ къах нал ахаста йæ райгуырæн Украинæмæ. Ам ссардта йæ амонд, сарæзта бинонты цард æмæ ныр йæ зæрдæ рухс кæны йæ зæнæгæй. Хæсты рæстæджы райс- гæ профессийыл йæ зæрдæ не сивта. Ныр фынддæсæм аз ав- томашинæйы рулæй нæ хицæн кæны. Фыццаг уал куыста об- ласты хъæды хæдзарады, уый фæстæ — æхсæнад «Зонынад»-ы, театры, стæй та зынгхуыссынгæнæг крмандæйы. Алы ран дæр йе ’мкусджыты зæрдæты ныууагъта йууыл хуыздæр тæлмæн- тæ. Цал æмæ дзы цал хатты раппæлыдысты, цал æмæ цал хат- ты райста лæвæрттæ æмæ кады грамотæтæ. Иваны намысджын куыстæй ра^гонд сты Цхинвалы медй- цинон тагъд æххуысы кусджытæ, райгонд дзы сты, йæ машинæ- йыл цы рынчынты фæласы, уыдон дæр. Куыстуарзаг, æмгаруарзаг, хæларзæрдæ — ахæм у Бон- даренко Михаилы фырт Иван — Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатыр рæнхъон салдат. 112
7 ыджыты Юрий БУЛКЪОН — БÆГЪАТЫР Адæймаджы хорздзинад хъуыддаджы рабæрæг вæй- йы. Уый ныфсы мæсыг фесты æмбалæн тыхст сахат, йæ зынты уаргъ ын йæхимæ райсы, йæ арм ын фæрогдæр кæны, йæ зæр- дæйы цæхæрæй йæ батавы. Адæймаджы хуыздæр миниуæг у йæ адæмыл, йæ райгуырæн бæстæйыл æнувыд уæвын. Уыдонæн лæггад кæнынæй стырдæр кад æм ницы кæсы. Куы бахъæуа, уæд сæ рухс амонды, сæ сæрибары сæраппонд æнæгуырысхойæ æрхæсс дæ цард дæр. Ацы очерк кæуыл фысын, уый дæр раст ахæм адæймаг у. Борзаты Сослæнбеджы фырт Мæхæмæт Кæрдзыны хъæуы райгуырд, Кæрдзыны схъомыл. Ам фыццаг хатт йæ къухмæ райста чиныг. Иæ тохы даргъ æмæ гуыргъахъ фæндæгтæ кæр- дзинаг гæмæх къуылдымтæй райдыдтой. Æрыгон, æнæзивæг, лæппу уарзта уалдзыгон мæргъты хъа\лдзæг зарджытæ, бæлæс- ты цъæх сыфтæрты фæл»мæ.н сыбар-сыбур. йе ’мцахъæн фæси- вæдимæ-иу йæхи надта Терчы знæт гуылфæнты. Мæхæмæт уарзта æмбæлтты. Æнæуынон ын уыдысты мæн- гарддзинад, хишпинад. Къуыдипп, хъал лæппутæ-иу æнæазым ^мгары куы надтой, уæд-иу Мæхæмæт æрбалæууыд йæ уæл- Хъус, радзырдта-иу йæ сæрыл. «Тыхгæнджыты»-иу анорста йæ быны, кæрæдзиуыл-иу сæ фæхоста. Фидар зæрдæйы æмæ стыр хъаруйы хицау уыд Мæхæмæт. Лæппу куыд рæзти, афтæ йæ уæнг æхсыст, йæ зонд кодта РУхсдæр, йæ хъуыдытæ та — ирддæр. Сыгъдæг арвы бын цæргæ- 8* 113
сау парахатæй айвæзта йæ къабæзтæ. Рæсугъд бæллицтæ йæ сæ базыртыл скъæфтой дунейы тыгъдадмæ, æнæсгæрст æфцæг- тæм, ахуыры æрттиваг бæрзæндтæм. Æмæ 1931 азы Мæхæмæт хорз æмæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци нæ горæты дыууæазон техиикум. Фæсжомцæдисы Цæгат Ирыстоны обкомы фæндонмæ гæсгæ æрвыст æрцыд Елхотмæ. Уым фыццæгæм ас- тæуккаг скъолайы иу афæдз бакуыста ахуыргæнæгæй, дыууæ азы та — директорæй. Фæлæ æнахуыр сагъæс æнцой нал уагъта Мæхæмæты. Æн- дæр уыд йæ бæллиц, æндæр уыд йæ мæт. Æмæ ма суанг сы- вæллонæй дæр, Кæрдзыны скъолайы куы ахуыр кодта, уæддæр æй салдат суæвын фæндыд. Сæ уынджы-иу исчи æфсæддон да- рæсы.куы ’рцæйцыд, уæд-иу æм джихæй баззад. Æфсæддоны къæхты аив ист-иу æнæ бафæзмгæ нæ фæлæууыдаид. Борзайы фырт барвæндонæй ацыд Сырх Æфсадмæ. Дыууæ азы сахуыр кодта Краснодары æфсæддон скъолайы. Сси лейте- нант æмæ йæ арвыстой горæт Пятигорскмæ дæсæм бæхджын æфсады дивизимæ. Зæрдæргъæвд афицер командæ кодта хицæн саперон эскадронæн. Иæ арæхстдзинад, йе ’хсидгæ зонды руа- джы йæ бауарзтой салдæттæ. Политикон æмæ хæстон фæзминаг цæттæдзинад кæй рав- дыста, уый тыххæй Мæхæмæты эскадрон дыууæ азы фæд-фæ- дыл бацахста фыццаг бынат Цæгат Кавказы æфсæддон окру- джы. Бирæ арфæйы ныхæстæ райста уæлдæр команца&кæнына- дæй. Срайдзасти нæ бæстæ, арв — æнæ мигъ. . Адæм куыстой æнæмæтæй, зæрдæрайгæйæ. Сæ тыхыл тых æфтыди, сæ цард хъæздыгæй-хъæздыгдæр кодта. Сæ сабырдзинад сын хъахъ-ч хъæдтой советон æфсæддонтæ, уыдонимæ ирон уаридзаст афи- цер Борзаты Мæхæмæт дæр. Фæлæ... Ссыгъд ныгуылæн. Гермайнаг æвирхъау цагъар- гæнджытæ æрбахызтысты нæ арæнтыл. Мылазон мигътæ хæл- бурцъгæнгæ фефсæрстой скæсæнмæ. Хурхортæ хурыл æрæм- бырд сты. Нæ, нæ асаст нæ бархи адæмы ныфс æмæ хъару. Фыды- бæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Мæхæмæт, куыд хи- цæн хайы командир, райста Мæскуыйæ сидты гæххæтт. Цыбыр рæстæгмæ горæттæ Ессентуки æмæ Кисловодскы бархионтæ æрцыдысты Пятигорскмæ Мæхæмæты эскадронмæ. Æмæ эскад- рон схуыдтой 101-æм танкты дивизийы хидтæаразæг сæрма- гонд батальон. Гъе, уыцы батальонимæ Мæхæмæт афтыд горæт Смоленск- мæ. Иæ салдæттæ хъæбатырæй тох кодтой Смоленск æмæ Яр- цевойы. Август. Хуры тынтæ æнауæрдонæй сыгътой. Уæлдæф сæ- нуд. Сармадзанты уæззау богътæ, пулеметты æмæ автоматты дЬергъвæтин къæр-къæр арыдтой хъустæ. Фæлæ Райгуырæн бæс- 114
тæйыл иузæрдион хъæбултæ сæ риутæй æрæхгæдтой знаджы фæндаг. Нал бауагътой тыхгæнджыты размæ акъахдзæф кæ- нын. Тынг бирæ сæ ныццагътой. Цал æмæ цал горæтыл тох кодта æхсарджыиæй Мæхæмæты батальон! Мæнæ суинаг горæт Гжатск. Цас туг ныккалди ам, цал советон цæхæрцæст салдаты ссардта ам йæ мæлæт. Фæлæ знагыл цыд иоджы фылдæр зиæнттæ. Ай-гъай, хæст хæст у. Æмæ домы туг, домы адзал, домы хъæбатырдзинад, фæразон- дзпнад. Æмæ, мæлæтæй нæ тæрсгæйæ, нæ домбай æфсæддонтæ * æнауæрдонæй цавтой фыдызнаджы ных, быхстой цыфæнды уад- тымыгъты дæр. Сæ фæллад риутæм тæмæнæй сыгъди разæнгард- гæиæг бæллиц: тагъддæр нæ горæттæй æмæ хъæутæй гитлерон- ты æгадæй фæсурын. Цыдысты карды комыл уæлахизмæ. 1941 аз. Тъæнджы мæй. Гермайнаг æрдонгтæ æрбахæстæг сты Мæскуымæ. Цин кодтой, рæхджы Мæскуы нæ къæхты раз æрзоныг кæндзæн, йæ уæрæх уынгты æвæлмонæй зилдзыстæм, йæ хъæздыгдзинæдтæ æмæ диссаджы хæзнатæ йын ассивдзыс- тæм, фæнык æй фестын кæндзыстæм, зæгъгæ. Гъе, æрмæст сæ цин фæсыкк. Уадтымыгъ сыстади. Арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой. Схъызыди. Адæмы маст тындæр сфæйлыдта. Æмæ махонтæ иугуырæй атыдтой æнаккаг лæгмар- ты рæхыс, аппæрстой сæ фæстæмæ. Уæззау, бæрзæйсæттæн цæфтæ. Не ’фсады ныфс фæдывæр æмæ, знаджы сургæ, размæ афсæрста., Мæскуымæ бацæуæны нæртон хæстыты хъæбатырдзинад равдыста Мæхæмæты батальон дæр. Командирæн лæвæрд æр- цыд хистæр лейтенанты чин, Горæт Воронежы хæстыты та — капитаны чин. Æмæ командæ кæнын райдыдта ахуыргæнæк сæрмагонд батальонæн. Æртæ мæймæ Мæхæмæты дæсны раза- мындаай цæттæгонд æрцыд æртæ сæдæ афицеры. Уыцы æртæ сæдæ афицеримæ Рокоссовскийы бардзырдмæ гæсгæ Борзайы фырты арвыстой Сталинградмæ. Уый уыдис 1942 азы зымæджы. Снысан æй кодтой 173-æм мæскуыйаг бар- хионты дивизийы инженерæй. Æмæ ам тох кодта, цалынмæ Сталинград бынтондæр , нæ асыгъдæг æгъатыр фыдгултæй, Уаздмæ. Сталииграды тугкалæн хæстыты дзæвгар егъау сгуыхтдзи- наедтæ равдыста ирон афицер. Фæлæ абон А1æхæмæт уæлдай тынгдæр æрæмысы ахæм цау. Горæтмæ хæстæг, Хъазахъхъæгты °бау кæй хуыдтой, уый уыди 126,7 метры бæрзæндæн. Уырды- гæй кастыстьг знæгтæ, горæт сæм зынди армытъæлæнау æмæ ^Дасæй командæ кодтой сæ тугмондаг æфсæдтæн. 16-æм æфса- Ды командæгæнæг инæлар Батов бардзырд радта, Мæхæмæт цы Дивизийы уыд, уый командир инæлар Аскалеповæн обау бай- сыны тыххæй. Бардзырд æххæстгонд æрцыдæнтыстджынæй. Зна- ДЖы салдæттæй æмæ афицертæй фæмард минæй фылдæр, стæй П5
пырхгонд æрцыд бирæ хæстон техникæ. Фæлæ та знаг æрæм- бырд кодта ног æфсæдтæ æмæ техникæ. Фæстæмæ байсынмæ хъавыд обау. Уæд Батов сæрмагондæй бардзырд радта Мæхæмæтæн обаумæ знæгты æрбацæуæнты минæтæ сæвæрыны тыххæй. Уы- ди боны иуæндæс сахаты. Хуры тынтæ тæмæнтæ калдтой фад- хъулы онгмитыл.Æмæ йæм цæстытæ нæлæууыпысты. Сытынги кæст. Знаг, æрра бирæгъау, лæбурдта. Мæхæмæт 120 салдатимæ бавнæлдта бардзырд æххæст кæнынмæ. Алкæмæ дæр дзы — фæйнæ цыппар танкрæмудзæн минæйы. Знаджы танкты æрбацæуæн фæндæгтæ æхгæд æрцыдысты минæтæй. Æмæ сыл аст мæлæтхæссæг танчы пиллон суагътой, иннæтæ фæстæмæ лидзæг фесты. Ацы тохты сгуыхтдзинæдтæ кæй равдыста, уый тыххæй Мæхæмæты риуыл Батов йæхæдæг бакодта «Фыдыбæстæйы хæсты» фыццæгæм къæпхæны æмæ «Сырх Тырысайы» ордентæ. Гуыпп хæст райдыдта Сталинградæн йæхи мидæг. Стыр уазалгæнæн комбинаты бадти знаджы полк. Сæттьин нæ>куымд- та. Инæлар Аскаленов бардзырд радта Мæхæмæтæн агъуыстмæ сæйраг бацæуæн срæмудзыны тыххæй. Æмæ равзæрста цыппæр- дæс саперы, алкæмæ дæр дзы уыд цыппор килограммы рæму- дзæн æрмæг. Æрталынг. Мæхæмæт æмæ йæ салдæттæ сæ гуыбыны цъа- рыл бырыдысты. Ницæмæ дардтой салд миты «судзинтæ». Сæ фæдыл бæндæнтæй ластой асыччытæ. Бацæуæны сæвæрдтой рæмудзæн æрмæг. Иуцасдæр рæстæг ма, æмæ фæцыд æмыр гуыпп. Махонтæн фадат фæци сæхи æвиппайды зиагыл ныццæ- вынæн, æмæ сæ сугъты цагъд ныккодтой. Уыимæ февралы уаца- ры райстой фельдмаршал Паулюсы тæккæ хæстмондагдæр сал- дæттæ æмæ афицертæй мин æмæ дыууæ сæдæйы. Горæты фæзы баиу сты 64-æм æмæ 65-æм æфсæдты сапер- тæ. Хъæбыстæ, арфæтæ, ура! 65-æм æфсады саперты командир уыд Мæхæмæт. Лæвæрд ын æрцыд «Фыдыбæстæйы хæсты» дык- кæгæм къæпхæны орден, радтой йын майоры чин. Æмæ та ног хъæбатыр тохмæ. Махонтæ сæ ных сарæзтой ныгуылæнмæ, Берлинмæ. Иу горæт иннæйы, иу хъæу иннæйы фæстæ ссæрибар кæнгæйæ, Мæхæмæтитæ æрхæццæ сты Тулæ- мæ. Иуæндæсæм æфсады бæрны сты ныр. Сæхи цæттæ кæнын райдыдтой Орел-Курскы хæстмæ. Ам Мæхæмæт æмæ йæ бата- льон сарæзтой цыппар хиды æнæкъуылымпыйæ нæ танктæ цæ- уынæн æмæ сармадзантæ ласынæн. Иу æхсæвмæ йæ сапертæ асыгъдæг кодтой фæндæгтæ немыцаг минæтæй. Ноджы сарæзтой знаджы минæты ’хсæнты 42 бацæуæкы. Уым нæ танктæй иу дæр нæ басыгъд. Орел-Курскы хæстыты рæстæг Мæхæмæты сапертæ æнæфыдбылызæй быдырæй систой немыцаг дыууын дыууæ мин минæйы. Æмæ фадат радтой не *фсадæн æдæрсгæ размæ бырсынæн. 116
Горæт Орелы вагзалы æфсæнвæндаджы станцæ исгæйæг Мæхæмæт фæци уæззау цæф. Аластой йæ Калугæмæ, уырдыгаэй Та Мæскуыйы госпиталмæ. Адæймаджы зæрдæйы маст куы фы- ца, уæд æм афтæ кæсы, цыма йæ цæф тагъддæр байгас уыдзæн. Афтæ '<аст Борзайы фыртмæ дæр. Йæ риуы æгæрон маст фых- ти гермайнаг фашизммæ, æвирхъау цагъаргæнджытæм, тагъд- дæр СÆ адæмы маст райсын хъæуы. Мæхæмæт госпиталы фæци дыууæ мæйы. Байгас йæ хъæд- гом. Æмæта ацыд йæ сапертæм, <йæ дивизимæ горæт Гомельмæ, Салдæттæ тынг фæцин кодтой сæ командиры рыздæхтыл. Ныр сæ фæндаг адардтой фашизмы лæгæт Берлинмæ. Ахызтысты Европæйы стыр дæттæ Днепр, Вислæ, Вартæ, Шпрее æмæ Оде- рыл. Мæхæмæт æмæ сыл йæ сапертæ нывæзтой хидтæ. Æппынфæстаг — Берлин. Алы уынджы дæр не ’нцад хæсты гыбар-гыбур. Знаг ма йæ фæстаг тыхтæ æрæмбырд кодта, йæ мæлæты агъоммæ ма хъавыд/и махонтæн ныхкъуырд радтьшмæ. Фæлæ йæ сау фæндæй ницыуал рауади. Сæрибархæссæг тохы уылæнтæ йæ стæлфын дæр нал бауагътой. Рейхстаджы сæрмæ сфæйлыдта уæлахизы Сырх тырыса. Æрсабыр сты сармадзанты уынæргъын, бомбæты рæмыгъдты- тæ. Кæсы тырысамæ хæствæллад афицер Мæхæмæт Дæр. Кæсы æмæ йыл цыма уыны йæ туджы ’ртах дæр, йæ зынгхуыст хъæ- батыр æмбæлтты туджы ’ртæхтæ дæр. Иæ зын фæндæгтыл ахæц- цæ кæронмæ. Куыддæр йæ зæрдæ суынгæг. Йе ’нæдаст рустыл æруадысты ставд цæссыгтæ. Уыдон цины иæссыгтæ уыдысты. Берлин исгæйæ, Борзайы фырты чин фæуæлдæр — сси дæл- булкъон. Афæдзы фæстæ та партийы æхсарджын хъæбул Мæхæ- мæты пъагæттыл фæзынди ноджыдæр иу стъалы. Булкъон Бор- зайы фырт нæ ныууагъта йе ’фсæддон службæ. Иуæндæс азы кад æмæ радæй фæкуыста корпусы инженерæй. Фæлæ йыл карз хæст йæ уæззау фæдтæ кæй ныууагъта, уымæ гæсгæ йæ бахъуыд 1961 азы отставкæйы ацæуын. Фæци æхсæз цæфы æмæ ма абои Дæр йæ буары хæссы сармадзаны нæмыджы цыппар схъисы. Ныр дæр Мæхæмæт йæ гæрзтæ не ’рæвæрдта. Йæ хъысмæт сбаста сабыр фæллоимæ. Кусы адæмы хорздзинадæн, адæмы пайдайæн. Фыццаг куыста Æппæтуæрæсейои бархион сыгъд- хуыссыигæнæг æхсæнады ахуырадон пункты хицауæй, пропаган- Дистаэй, ныр та — ацы æхсæнады хистæр инженерæй. Хæларзæр- Лæ> адæмы уарзон адæймаг у Мæхæмæт. ...Рæсугъд райсом. Арвыл мигъы бындзыг дæр никуыцæй зыны. Горæты сæйраг уынджы сæрыстырæй фæцæуы æфсæддон Дарæсы бæрзондгомау, тæнтъихæг лæг. Уый у Борзаты Мæхæ- ^æт. Адæм ын нымдзаст сты йæ хæрзиуджытæм. Раздæры хъæ- ^атыр хæстон, фæллойы ныры хъазуатон. Йæ риуæй хурмæ æрт- ывдтытæ калынц йæ бирæ хорзæхтæ. Æвæдза, æцæг бæгъатыр у Мæхæмæт. 117
Майсурадзе Димитр ТОХЫ ЦÆХÆРЫ Ладойыл (афтæ хуыдтой Борцвадзе Владимиры сæ хъæу- бæстæ) цырддзинадæй ничи тых кодта. Ередаг къæбæлдзыгсæр æмæ онгджын лæппуйы цæсгомыл-иу алыхатт дæр разынд ци- нæнгас. Йе ’мбал фыййæуттæ дзы кæддæриддæр райгонд уы- дысты. Æтшæлыдысты дзы, зæгъгæ, дам, фыййауæн дæр хорз у æмæ ахуырмæ дæр рæвдз у. Цыдысты азтæ. Ладо каст фæцис астæуккаг скъола æмæ сæхи хъæуы (Ереды) райдыдта ахуыргæнæгæй кусын. Ахуыр- гæнæджы професси та рагæй фæстæмæ дæр йæ бæллиц уыди. Ахуыр ма куы кодта, уæддæр-иу ыл арæх хъуыды кодта. Æв- зыгъд разынд ахуыр-хъомыладон куысты. Æрыгон фæлтæры хъомыл кодта райгуырæн бæстыл æнæкæрон æнувыддзинады зондахастыл. Ладо æркодта бинонтæ. йæхи амондджьшдæрæй банкъард- та. Йæ фидæпы цардæн арæзта ^пълантæ. Фæлæ æрлæууыд 1941 азы 22 июнь — сæрды иууыл даргъ- дæр бон. Немыцаг-фашистон æфсæдтæ мæнгард æгъдауæй æр- бабырстой иæ Райгуырæн бæстæм. Райдыдта Стыр Фыдыбæс- тæйон хæст. Цалдæр бопы фæстæ Ладомæ æфсæддон комиссариатмæ фæсидтысты. Райдианы Ладо службæ кодта ССР Цæдисы паддзахадон арæныл. Цырддзастæй хъахъхъæдта Фыдыбæстæйы хæдбардзи- над, стæй 1942 азы уалдзæджы хæцын райдыдта Цæгат Кавказы хæххон æхсæг дивизийы рæнхъыты. Уыдистанкæты ныхмæ хæ- цæг сармадзанты дæлхайы командир. Уыцы дæлхай хæцыдис ’ Налцыккы горæтмæ æввахс. Фронты командæкæнынад аскъуыддзаг кодта знаджы ных- 118
мæ хъæддыхæй фæлæууын, уый Кавказы хохрæбынты æруро- мын æмæ ныддæрæн кæнын. Хæххон æхсæг дивизи дæр æрцыд Цæгат Ирыстонмæ, æмæ Беслæны горæтмæ бацæуæнты йæхи æрфиДаР кодта. — Махæй алчи дæр хорз зыдта йæ разлæууæг хæс, — фæза^- гъы Борцвадзе Ладо, — Орджоникидзейы горæты цур фашист- тимæ карз хæст кæй цæттæ кодта, уый æмбæрстам. Ам хъуамæ фашисттæн лæвæрд æрцыдаид стыр ных- къуырд. Алы дæлхай, алы сармадзаны расчетæн дæр йæ разы æрæвæрдæуыд зын, тæссаг æмæ ахсджиаг хæс. Хæст сцырын. Сармадзанты хъæр, хæдтæхджыты гуыр- гуыр а?«мæ танкæты гыбар-гыбур ,кæмттæ арыдта, хъуста* къуырма кодтой. Фашисттæ Сырх Æфсады æнæнхъæлæджы цæфтæ нæ баурæдтой æмæ хъахъхъæдады дыккаг хахмæ фæстæ алæууыдысты. Фæлæ та сыл уым дæр нæ хæстонтæ сæхи ныц- цавтой. Знæгтæ Нальцыккы ’рдæм сæхи айстой. Ацы тохты. Борцвадзе райста фыццаг хæстон фæлтæрддзи- над. Комкоммæ æхстæй уый скуынæг кодта знаджы иу хæдцæу- гæ уæззау сармадзан. Орджоникидзейы горæты цур хъæбатыр æмæ удуæлдай тохты Ладо хорзæхджын æрцыд «Хъæбатыр- дзпнады тыххæй» медалæй. Орджоникидзейы цур фашистты ахъаззаг цæф куы фæкод- чоп, уæд пемыцæгтæ Кæсæг-Балхъар æмæ Хъæрæсе-Чер- кесы ’рдæм сæхи айстой. 9-æм гуырдзиаг дивизи дарддæр сырд- та фæстæмæалæууæг знаджы. Хъæрæсе-Черкеад хъæутæй сæ пуы цур уыд чысыл хъæд. Фашисттæ сæ танкæты уым æрæм- бæхстой æмæ сын фадат куы фæуыдаид, уæд абнæнхъæлæджы хъуамæ нæ хæстонтыл сæхи ныццавтаиккой. Борцвадзе Ладо, Гукасян А., Паринов В. æмæ Одикъадзе С. сæ сармадзантæ хæрзвадат ран баурæдтой. Батарейы командир сын бардзырд радта, цæттæ ут, зæгъгæ. Æмæ уыдон дæр сæхи афцæттæ кодтой. Мыййаг фашисттæ сæ ныхмæ куы рабырста- пккой, уæд сыл сармадзанты нæмгуытæ ихуарæгау ныккалдта- пккой. Алчи дæр сæ хорз æмбæрста йæ разлæууæг хæс. Иу цас- дæры фæстæ чысыл хъæдæй æвиппайды нæ хæстонты фистæг- æфсæддон дæлхайы ’рдæм комкоммæ рабырстой 20 танкæйы, Нæ хæстонтæн сæ траншейтæ дæр нæма уыдысты цæттæ. Фис- тæгæфсæддон дæлхæйттæ фæстæмæ алæууыдысты. Знаджы тæссаг машинæтæ комкоммæ нæ сармадзанты ’хсæн цыдысты. Ныфсхаст артиллеристтæ нæ фæтарстысты. Сæ цæхæр комком- м«> сарæзтой фашистты танкæтæм. Уæгъд сæ нал суагътой. Цып- пар танкæйæн сæ сау фæздæг скалд. Иннæтæ фæстæмæ фездæх- тысты æмæ та уыцы хъæды сæхи бааууон кодтой. Кæй фæсыкк ис сæ размæбырст, уый фашистты тынгдæр сæрра кодта. Сæ ба- тарей дардæй æхсын райдыдта пæ хæстонты. Нал сын уыдис акъоптæ æмæ траишейтæй сæ сæртæ сдарыны фадат дæр. Сар- •Л1адзантæй цалдæр пыппырх ис. Хæстонтæй бирæтæ, уыцы ны- 119
мæцы Борцвадзе Ладо дæр фæцæфтæ сты. Иу цасдæры фæстæ æхст банцад. Нæ батарейæн æххуысмæ æрбацыд æндæр æфсæд- дон къорд. Хæстонтæн сæ цæфтæ бабастой. Уæззау цæфты гос- питалмæ аластой. Иу акъоппæй райхъуыст мæлæг хæстоны уæз- зау хъæрзт. Иæ хæстон æмбæлттæ йæм æввахс бацыдысты. Уый уыдис Борцвадзе Ладойы сармадзаны расчетæй. Сармадзанла- сæг Стыр Джихайшы хъæуккаг Абзианидзе А. тугамæхстæй хуыссыд зæххыл æмæ йæ уд иста. Фæстаг хатт ма йе ’мбæлттæм иу каст скодта, ныма сæ æххуыс куырдта, уыйау, стæй æнусмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта. Хæстонтæ сфæнд кодтой знагæй сæ уарзон æмбалы маст райсын æмæ размæ ныфсджынæй абырстой. Знагæн æрулæфг æмæ йæхи иу ран æрфидар кæныны фадат дæр нал лæвæрдтой. 9-æм Гуырдзиаг дивизи (Борцвадзе Ладо дæр йæ дæлхæйттæй сæ иуы уыд) Краснодары ’рдæм здæхты фæстейæ сырдта фæс- тæмæлæууæг фашистты. Кодта сын стыр зпæнттæ. Советон /Еф- сады хæйттæ, атакæйы ацæугæйæ, систой горæт. Уыцы баиу- гæндты ’хсæн уыд 9-æм гуырдзиаг дивизи дæр. Уымæн лæвæрд æрцыдис гвардийы ном æмæ йæ уæдæй фæстæмæ хонын рай- дыдтой Краснодары дивизи. Не ’фсæдтæ немыцаг фашисттæй Кавказ куы ссæрибар код-< той, уый фæстæ Борцвадзе тох кодта фыццаг украинаг фронты, йæ сармадзанæй фæндаг гæрста фистæг æфсæдтæн. Стæй диви- зи дарддæр абырста Мелитополырдæм. Уыцы тохты Бо-рцва- дзе Ладо фæцæф ис. Йæ цæф куы байгас ис, уæд та Ладо йæ сармадзанмæ ацыдис. Не фсæддон хæйттæ карз тохты фæстæ бацахстой Каменец-Подольскы горæт. Батарей ахсджиаг хæс сæххæст кодта Днестры цæугæдоны сæрты ахизыныл тохты. Артиллеристтæ ныфсджынæй хъахъхъæд- той доны фаллаг фарсмæхизæг æфсæддон хайы. Не фсæдтæ карз тох кæнгæйæ, размæ цыдысты Станиславы ’рдæм: Тулма- чы хъæуы цур сын карз тох бацайдагъ. Немыцæгтæ архайдтой не фсæддон хæйтты контратакæйы руаджы фæстæмæ аппары-* ныл. Сæ ныхмæ сын ракодтой 200 танкæйы, сæ фæстæ бырстой фистæг æфсæддонтæ. Нæ артиллеристтæн лæвæрд æрцыд бар- дзырд, цæмæГг нæ хъахъхъæдадон хаххыл иунæг знаджы танк дæр ма рауагътаиккой. Борцвадзе Ладо дæр хъæбатырæй æрлæууыд знаджы ных- мæ. Йæ комкоммæ рæстдзæвин æхстæй скуынæг кодта иу «Фер- динаид» æмæ иу танкæн та зиан ракодта. Фашисттæй бирæтæ сæ_ цардæн хæрзбон загътой. Тох даргъ кодта фæсахсæвæртæм. Сармадзаны командæйæ фæмард сты æртæйæ. Ладо се ’ртæйы бæсты дæр хæцын райдыдта. Сармадзаны нæмгуыта) дæр æвæрдта æмæ æхсгæ дæр кодта. I Борцвадзе Ладо уыцы тохты хъæбатырдзинад кæй равдыс- та, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд «Кадынысан»-ы орденæтк 120
Ладойы куы бафæрсай, иууыл уæззаудæр тох кæм уыди^ зæгьгæ, *УæД Аын Дзуапп ратдзæнис: — Тохтæ алы ран дæр уæззау æмæ тугкалæн уыдысты, фæ- лæ нын, мæнмæ гæсгæ, иууыл карздæр тох фашисттимæ бацай- яагъ ис Одеры цæугæдоны сæрты хизгæйæ. Немыцæгтæ æппæт амæлттæй дæр архайдтой, цæмæй не ’фсæддон хæйтты цæу- гæдонмæ хæстæг ма ’рбауагътаиккой. Æхстой æнæаскъуыйгæйæ æППæтхуыз хæцæнгæрзтæй. Уый райдианы нæ лæвæрдта не ’фсадæн размæ акъахдзæф кæныны фадат. Артиллерийæн, уыцьг иымæцы мах батарейæн дæр бахæс кодтой, цæмæй знаджы æм- æхстæй бааууон кодтаиккам доны фаллаг фарсмæхизæг æфсæд- дон хæйтты æмæ сын плацдарм саразынæн фæахъаз уыдаик- кам. Карз тохты фæстæ не ’фсæддон хæйттæ Одеры фаллаг фарс бацахстой, 7 километры йæ дæргъ æмæ 5 километры та йæ уæрх кæмæн уыд, ахæм плацдарм. Ацы тохты хайад кæй райстон, уый тыххæй хорзæхджын æрцыдтæн «Сырх Стъалы- пы» орденæй. Советон Æфсады æппæт фæндæгтæ цыдысты Берлмны ’рдæм. Кæд гитлерон цæф сырд йæ туджы мæцыд, йæ лæгæтмæ æввахс кодта, уæддæр уыдис нырма карз æмæ нæ хæстонты ныхмæ хъæддыхæй лæууыд. Æнæ тохæй ницы лæвæрдта. Борцвадзе Ладо цы ’фсæддон хайы уыд, уымæн немыцæг- тпмæ карз тох бацайдагъ Германæн йæхи зæххыл Роденберджы горæты. Ацы горæты фашисттæи уыдис танкæйон сæудæджерад æ.мæ сæ афтæ æнцонæй нæ фæндыд йæ радтьш. Фæлæ Советон хæстонты размæбырст æруромын никæй бон суыдаид. Нæ ар- тиллеристтæ комкоммæ æхстæй сæ сармадзантæ аздæхтой, фа- шистон æфсадæн танкæтæ кæм цæттæ кодтой, уыцы заводтæм. Горæт арт æмæ фæздæджы амæттаг баци. Не ’фсæдтæ йæ штур- мæй систой æмæ дзы ссæрибар кодтой мингай советон уацай- рæгты. Фашисттæ ардæм кусынмæ кæй æртардтой, ахæмты. Ацы хæстон операцийы стыр æмæ ахсджиаг хæс сæххæст кодтой артиллеристтæ, уыдон нымæцы Борцвадзе Ладойы сар- мадзаны расчет дæр. Уый уыдис не ’мзæххоны фæстаг тох Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. 1945 азы 30 апрелы йæ сармадзаны фарсмæ Ладо уæззау цæф фæцис. Санитартæ йæ тугамæхстæй тохы быдырæй рахастой. Хос кæныимæ æрвыст æрцыд Поль- П1æйы зæхмæ. Хæсты кæрон æввахсæй-æввахсдæр кодта. Алчи Аæр æнхъæлмæ каст стыр уæлахизы бонмæ. Борцвадзе Ладо хуыссыди Масловицы госпиталы. Уæззау цæф хæстон хæсты фæуды хабар куы фехъуыста, У’ЗД, чысыл ма бахъæуа, йæ хуысæнуатæй рагæпп кæна, йе фсæддон хайы хæстонтæ Ладойы æнæниздзинады уавæр бæрæг кодтой. Фыццаг уал ын Уæлахизы боны сæраппонд арфæ ракод- той, стæй йын бакастысты, ССР Цæдисы Сæйраг Советы Пре- знд11ум æй «Фыдыбæстæйон хæсты» фыццаг^къæпхæны орденæй кæй схорзæхджын кодта, уый тыххæй указ. Рынчын Ладойæн 121
радтон хæстон хорзæх æмæ йып зæрдæбын арфæ ракодтой. Гос- питалы бирæ фæхуыссыд, цалынмæ бынтон сынæниз ис, уæдмæ йæ нæ рауагътой дохтыртæ. 1946 азы Борцвадзе Владимир æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ.
Асаты Реуаз СÆ НОМ МЫГГАГМÆ У ЦÆРИНАГ 1964 азы 7-æм июлы газет «Советон Ирыстон»-ы ныммы- хуыр кодтон уац «Цы фестут, кæм стут, мæ хæстон æмбæлттæ?» Уым кæнын Бырнацты Алыксандры кой, тохы быдыры мæ фарс- мæ хъæбатырæй цы ирон лæппутæ фæмард, уыдон тыххæй, стæй фронты кæмæй фæхицæн дæн, уыцы хæстон æмбæлтты тыххæй дæр. Иу хатт мæм дуар ’æрбахоста æнæзонгæ лæппу. Хатыр ра- куырдта æмæ мыи йæхи бацамыдта (уæд куыста хъæдкуысты комбинаты æрмдæсныйæ). , — Ды дæ уац «Цы фестут, кæм стут, пæ хæстон æмбæлт- тæ?», зæгъгæ, цы газеты фыстай, уый æз кастæн Цæгат Ирыс- тоны Хъæдгæроны хъæуы, мæ каистæм уазæгуаты рæстæджы. Уым кæ«ыс Бырнацты Алыксандры кой, тохы быдыры <мæ фарс- мæ мард фæцис, зæгъгæ. Уый мæ каисты хъæуккаг у, æнхъæл Дæн, цыма сын хæстæг дæр баххæссы... Уазæгæй райстон адрес. Ацыдтæн мæ хæстон æмбалы рай- ^уырæн хъæумæ. Уым мын загътой Бырнацты Альжсандры ’фсымæр Æрыдонмæ цæрынмæ алыгъд æмæ уым ахуыргæнæгæй кусы, зæгъгæ. Ссардтон та мæ фысымты, фæлæ мæн чи хъуыд, Уый бынаты нæ разынд. Фыстæг æм афыстоп æмæ йып æй йе фсинмæ ныууагътон. Раздæхтæн фæстæмæ. Фæцис 1964 аз. Аивгъуыдта 1965 азы æмбис дæр. Фæлæ Æрыдоны мæ хæстон æмбал Бырнацты Алыксандры æфсымæры -^æдзары цы чысыл фыстæг ныууагътон, уымæн дзуапп нæй. 123
Рацæй-рабон æмæ, дын, мæнæ дыккаг сæрд Æрыдонæй æр- цыдис фыстæг. Райхæлдтон æй тагъд-тагъд æмæ йын йæ мидæг ныв куы ауыдтон, уæд мæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. — Уый у... Ссардтон æй... Уый уыдис мæ хæстон æмбал Бырнацты Алыксандр. Мæхи мидæг бавдин кодтон, фæлæ йыл, æвæдза, цы цин кæнон? Уый тохы быдырæй нал æрыздæхт, уый æдзард, зынгхуыст куы у! «Æз дæм рагæй хъавыдтæн ныффыссынмæ, фæлæ... — рай- дыдта йæ фыстæг Бырнацты Сослан. — Фæлæ мæ ныфс нæ хастон, зæгъын, уæд та уый у æцæгдæр ме ’фсымæр, кæнæ уæд та уый нæу, уæд цæрæнбонтæм мæ зæрдæ йемæ дзырдтаид. Оу æвæццæгæн, уый у ме ’фсымæр. Ме ’фсымæр Алыюсандры (Сашæйы) æфсадмæ акодтой 1941 азы 25 октябры. Уæд мæныл дыууадæс азы йедтæмæ нæ цыдис. Мæ зæрдыл ма хорз лæууы, мæ ныййарджытæ йæ куыд фæндараст кодтой. Мæ мад Мысырхан сусæгæй йæ цæссыгтæ куыд калдта. Фæстаг хатт ма дзы фыстæг райстам 14-æм марты. Иугæр марты мæйы фыстæг у, уæд бæрæг у хъуыддаг. Быр- нацты Алыксаидр хъæбатырæй фæмард 1943 азы марты Краоно- дар-Новороссийскы æфеæнвæ.нцагыл, Абинскаяйы станцмæ бырсгæйæ. Фæсхæст бирæ фæцагуырдтон ме ’ннæ хæстон æмбал Кдой- ты Харитоны бинонты æмæ хæстæджыты дæр. Капитан Кцойы фырт дæр хъайтарон æгъдауæй мард фæцис уыцы дуджы кубай- наг стыр станц (ныр горæт) Крымская сæрибар кæныны рæстæ- джы. Хæсты æз афтæ бахъуыды кодтон, цыма уый Хуымæллæ- джы хъæуккаг уыдис. Уым Кцойтæ цæрынц, фарстон сæ, фæлæ йæ уыдонæй ничи зыдта. Фронты дзы иу лæппу фесæфт — Кцой- ты Хадо йæ хуыдтой, трактористæй куыста хæсты размæ. Фæлæ æз цы Кцойты Харитоны кой кæнын, уый та хæсты агъоммæ партийы Алагиры райкомы, стæй горæт Орджоникидзейы база- радоп хайады сæргълæууæгæй куыста. Уæд мын фарон чидæр бацамыдта, зæгъгæ, Орджоникидзе- йы, Терчы былыл ирон театры тæккæ фарсмæ цы стыр ног бæс- тыхай ис, уым хъуамæ цæрой йæ хæстæджытæ. Ныццыдтæн. Бахостон Кцойтæм. Ракаст мæм иу æвзонг сылгоймаг. Фæрсын æй, фæлæ ироиау нæ зоны. Уæд мын уырыссагау бамбарын кодта: — Уæртæ уыцы фарс доны былыл стыр, ногарæзт бæстыхай уыныс? Уым хъуамæ цæрой, ды кæй агурыс, уыдон. Хидыл ахызтæн Терчы æхсидгæ улæнты сæрты. Фыццаг уæладзыджы иу хатæны дуарыл фыст ис «Кцойтæ», зæгъгæ, Дзæнгæрæг ныззæлыд, райхъуыст мæм: — Табуафси, мидæмæ! Бахызтæн. Фарн уæ бынаты, зæгъгæ, загътон. Иудзæвгар æдзынæгæй аззадтæн. Цæмæй райдайæм? Мæ разы джнхæй æмæ куь<ддæр тыхстхуызæй лæууы азтæй дæр аамæ асæй дæр рæстæ- 124
мбис, саулагъз сылгожмаг, йæ къухтæ хыссæйæдзаг, афтæмæй. — Бахатыр кæн, бахъыг дæ дардтон. Дæ куыст дарддæр æН> — загътон ын æз \æфсæрмæй. — Ницы кæны. Æрæджы мæ сидзæр чызджы Къобмæ чын- дзы арвыстон æмæ сæм абон хуын хæссинаг стæм мæ фыртимæ. Ныр бæрæг уыд мæнæн, цалдæр азы кæй агуырдтон, уыцы Кцойтæ кæй разындысты, уый. — О, мæнæн-иу дæ сæрыхицау Кцойты Харитон дзырдта, фырт æмæ йын чызг кæй ис, уый. Сылгоймаг фестъæлфыд. Æз æнхъæлдтон, ныртæккæ скæу- дзæн, йæ цæссыг æркалдзæн. Фæлæ дзы цæссыг куынæ разынд, уæд мæнæн æнцондæр уыдис уымæн æппæт дæр радзурын. Иæ лæджы амæлæты фæстæ йæм фронтæй фыстæг кæй æрырвыс- тон, уый дæр хъуыды кæнын. — Дæ фæндаг-иу фæстæмæ Къобыл ракæн, мæ хур, Бидар- тæм, нæ лымæнтæм-иу фæзын æмæ уым дарддæр фæкæндзыс- тæм нæ ныхæстæ. Уыцы фыстæджы нæм афтæ куы фыстай, Ха- ритоны бæсты, дам, мæ æфсымæрæн айсут, — загъта ус æмæ йæ кæлмæрзæны кæронæй йæ цæссыг арæхстгай асæрфта. Æрæджы фыстæг ныффыстон Кцойты Харитоны фыртмæ. Йæ бæсты мæм дзуапп рырвыста Харитоны æфсымæр Астемыр. Уый мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта, мæ хæстон æмбал Куырд- таты комы иу чысыл хæххон хъæу Гули, зæгъгæ, уым кæй рай- гуырд 1905 азы æмæ йæ ныййарджытæ Хæтæлдоны хъæумæ цæ- рынмæ кæй ралыгъдысты (æз та нырыонг афтæ ’нхъæлдтон, Хуымæллæджы хъæуккæгтæ уыдысты). Харитон 1922 азы бацыд фæскомцæдисы рæнхъытæм, 1930 азы та коммунистон партимæ. — 1941 азы йæхивæндæй ацыд фронтмæ. Цæмæй нæ бинон- тæ ма мæт кодтаикой, уый тыххæй нæ хъæумæ арвыста. Фæлæ хъæуæй нæхимæ фæстæмæ куы раздæхтыстæм, уæд æй хæдзары нал æрбаййæфтам — ацыд хæстмæ, стъолыл чысыл фыстæг ныу- уадзгæйæ. Уæдæй фæстæмæ æз мæ фыды нал федтон. Фронтæй ^а мæм фыста, политрукæй’кæй куыстаæмæ йын капитаны чин кæй уыд, уый тыххæй. Йæ фронтон фыстæджытæй иу дæр нал баззад, уымæн æмæ оккупацийы куы уыдыстæм, уæд сæ мæ мад скуынæг кодта, немыцаг сырдтæй тæрсгæйæ. О, фæлæ ма ноджы иу лæппуйы тыххæй. Хæсты тæккæ рай- Дианы нæ областы фæсивæдимæ ахуыр кодтон Сталиниры аэро- клубы. Мæ инструктор уыдис зынгæ хъæбатыр тæхæг Козаты Шаликъо. Æз уыдтæн йæ курсантты къорды старшинæ. Иу лæп- ПУ Дзы Гобозтæй уыд (йæ ном мæ ферох). Кубацы фронты иу талынг къæвда æхсæвы раззаг хаххы къутæрджыны кæрон хуыссæм. Йæ гуыбыны цъарыл мæм иу хæстон æрбабырыд æмæ Мэе тамакойæн зынг ракуырдта. Иæ хъæлæсæй йæ базыдтон, Го- „Ы,ФЬ1Р'Т кæйуыд. Кæрæдзийыл ныттыхстыстæм æмæ фырци- Наэй йæ тамако цъыфмæ ахаудта. — Мах, мæнæ ацы лæппутæ, развæдсгарджытæ стæм. Фрон- 125
ты хаххыл Х’изæм ньфтæккæ. Цæй, чи зоны... — афтæ ба.кодга йлв бæзджын хъæлæсæй, ныттыхсти мыл æ.мæ ацыд. Ацыц æмæ йæ абон дæр нал уынын. Æз ма йыл æмдзæвгæ дæр ныффыстон «Тамакойы зынг», зæгъгæ. Хæстæй чи не ’рыздæхт, уыдоны 1967 азы иу ногбоны фын- гыл æрымысыдтæн. Гобозы фырты кой дæр æрхаудта æмæ мын мæ фарсмæбадæг загъта, зæгъгæ, уый Уанаты комæй хъуамæ уыдаид, Елтурайы хъæуккаг... Иуахæмы та Знауыры районы Гъаристауы хъæукка’г Сиу- къаты Иванæй райстон .фыстæг: «Газеты дын бакастæн дæ уац «Цы фестут, кæм стут, мæ хæстон æмбæлттæ?». Æз бирæ хæттыты хъавыдтæн, зæгъын, дæм ныффыссон, цæмæй ныффыссай, 61-æм дивизийы кæй федтам, уыцы хæстон цаутæ. О, фæлæ дæхæдæг фæраздæр дæ». Сиукъайы фырт мæм фыстæджытæ æрырвыста, нæ дивизи- йы хæстон эпизодтæй æмæ сæрмагондæй ме ’мзæххон хъæбатыр ирон лæппуты сгуыхтдзинæдты нывтæй йæ зæрдыл кæй баддрд* та, уыдон чысыл афыст. Нæ зонын, кæй цы темæ тынгдæр æндавы, фæлæ мæнæн бон дæр, æхсæв дæр, фæндагыл дæр æнцой нæ дæтты Стыр Фыды- бæстæйон хæсты темæ, уæлдайдæр та, мах сæрвæлтау, тохы бы- дыры се /взонг цард чи радта, нæ Райгуырæн бæстæйы сæри- бардзинадæн йæ сæр чи снывонд кодта, уыцы æдзард хъайтар- тыл аккаг уацмыстæ сфæлдисыны хъуыды.
ГАБЫСАТЫ ФОНДЗ ÆФСЫМÆРЫ Бæциаты Агуьсдз «ЦЫ МЫН ДЗЫРДТА ÆНГУЗ БÆЛАС» ИВАН Æнустæм æвзонгæй чи баззад, ныр ссæдз азы дæргъы йæ ныййарæг фæндаджы былмæ йæ сауты кæмæ рацæуы, фæлæ йæ мады сагъæс чи нæ уал хъусы, йæ райгуырæн зæххы хъæ- бысы мæрдон фьшæй чи бацис, рæсугъд чызг куырдуаты бадгæ- йæ кæй тыххæй баззад, йæ бæллицаг сурæт дидинæг кæмæн фестад æмæ æрвылуалдзæг адæймагмæ мвдбылты чи бахуды, уыцы цардхъуаг, зынгхуыст хæстонтæн. Ирыстоны цардæфсæст хъæуты, уæрæх æмæ райдзаст фæндæгты былтыл, бæркадджын быдырты æмæ рæсугъд къуылдымтыл лæууынц сæ цыртытæ! Æрлæуу сæ разы, дард бæлццон, сис дæ худ, сæ ингæнтыл сын дæ къух авæр, рухсаг сын зæгъ: Уыдон дæу æмæ мæн тыххæй сæ сæр нывондæн æрхастой. Ирыстоны амондджын дзыллæтæ фæрнæйдзаг фæллой кæ- нынц. нæ цардбæллон фæсивæд хъæлдзæгæй рацыд быдыртæм! Куыст æхсиды. Зæхкусæг йæ фыццаг дзывыры хаххæй ссардта Уыдон ном, ныййарæг мад ногдзыд кæрдæгыл ссæууон æртæхы федта 1йæ хъæбулы цæсгом, чындздзон чызг малусæджы мидбыл хУДты, йæ адджын уддзæфы уыны æдзард хæстоны хуыз. Цал æмæ цал уыдысты... Ма сæ нымайут! Уый райгуырæн 3«ххаен зын у, туг рацæудзæн йæ рыст риуæй. О, афтæ æнхъæл мачи уæд, æмæ зæххæн йæ уæззау цæфтæ байгас сты. Зæхх йæ Рыст нæ рох кæны, ма йын сæ агурут йæ цæфтæ буарыл, рисгæ иьщ кæны, æмæ та йæ цæссыгтæ фемæхсдзысты. Фæлтау сæ агу- РУт уæларвон хуртуаны. О, о, хæсты быдыры чи фæмард, уыцы хъаэбатыр салдæттæ иууылдæр стъалытæ фестадысты. Сæууон ^ртæхтæ салдæтты ингæныл куы фенай, дард бæлящон, уæд зон 127-
АКИМ МАЙРÆМ - ХАЗБИ БАРИС "028
уыдон стъалыты цæссыгтæ сты. Алы иыййарæгæн æмæ уарзон чызгæн арвыл ис йæхи стъалы, мæйрухс æхсæвты семæ фæныхас кæнынц, хуры тынтимæ та сьгн цæссыгкалгæ хæрзбон фæзæ- гъыни. Цолима, уæдæ, мемæ, дард бæлцщон, Цыраумæ æмæ дьш уым æнусон æнгуз бæлас ракæна Габысты саударæг ус Верæйы сагъæстæ. Цал стъалыйы ис Габысты саударæгæн та уæларвы чуртуаны? Фæлæ!... Байхъус-ма, цавæр диссаджы цагъд кæны æНГуз бæлас? Нæ, уый æнгуз бæлас нæ цæгъды! Уый нæ хъус- тыл ауад Габысты лæппуты рæсугъд цагъд! Сæ аив цагъды зæл- тæм иу сын хъуыстой хъæубæстæ, цардмæ мидбылты худгæ кастысты, уарзтой адæмы æмæ. сын адæм дæр стыр аргъ кодтой. Куыд адджьин æмæ уарзон уыд Габысты лæппутæн ацы хъæу. Уалдзæг .сæм йæ мидбылты худт. Хуры хъарм тынтæм рæзыдысты дадинджытау,. мидбылхудгæ салам лæвæрдтой сæ сыхæгтæп, хъæубæстæн. Рæсугъд къуылдымтыл се ’мгæрттимæ хъазыдысты, уæрыччытæ хызтой, хæххон доны хъарм улæнты сæ рæзгæ къабæзтæй ленк кодтой. Æвæццæгæн, Ирыстоны интеллигенцийæ ахæм нæ ра- зындзæн, Габысты Таухъаны чи нæ зыдта. Таухъаны къухы чи ахуыр кодта, уыдонæй бирæтæ фæстæдæр систы Ирыстоны ном- дзыд лæгтæ. Хи фыдау уарзта Таухъаны ирон фыссæг, публи- цист æмæ рухсады кусæг Косыраты Сæрмæт. Ныртæккæ Га- бысты хæдзары бакæсæн ис Тедтойты Викторы, Цæрукъаты Ас- лæяджерийы, Бутаты Константины, Созиты Хазбийы æмæ би- рæ æндæрты писмотæ. Уыдон сæ уарзон ахуыргæнæгмæ фыс- той сæ цин æмæ сæ хъыг, фарстой йæ зондæй æмæ сæ уый дæр раст фæндагыл ардыдта. Габысты Таухъан райгуырд Садоны 1884 азы. Йæ сабийы бонтæй фæстæмæ бирæ бауарзта чиныг, æмæ йын уый ссис рухс цардмæ фæндагыл цырагъдар. Таухъаны фыд Хъылци уыд, ивгъуыд заманты кæсын æмæ фыссын чи зыдта, ахæм зондджын адæймаг. Уæлладжыры ко- мы дард хæххон хъæутæй уымæ хастой гæххæтт фæрсынмæ. Хъылци æмбæрста, ахуыргонд лæг цы у, уый æмæ йæ фырты ахуыры фæндагыл бафтыдта. Таухъан каст фæцис Æрыдоны дины семинар, ахуыр кодта Калачы, уый фæстæ дыууиссæдз азы дæргъы куыста ахуыргæнæгæй Уыналы, Дыгуры комы хæххоч хъæуты: Цырауы, Алагиры. ^ 1912 азы Цыраумæ куы ралыгъдысты, уæдТаухъанзæрдиа- гæй архайдта ног цард саразыныл. Кæсæбиты Хъанцауимæ иу- м&> сарæзтой колхоз, хъæуы байгом кодтой скъола æмæ дзы куыста директорæй. Дыууиссæдз азы дæргъы рухсады куысты Таухъан йæхи равдыста æхсидгæзæрдæ адæймагæй. Ныффыста, ног советон адаеймаджы куыд хомыл кæнын хъæуы, уый тыххæй бирæ нау- кон куыстытæ. Таухъаны конд грамматикæйæ бирæ азты дæр- гъы Ирыстоны скъолаты ахуыр кодтой уырыссаг æвзаг. Бæстæ- иы зынгæдæр ахуыргæндтæ стыр аргъ кодтой Таухъаны куыс- 9* 129
тытæн. Уымæн лæвæрд æрцыд дæсгай грамотæтæ, майдантяе æмæ орден «Кады нысан». Бирæ амондджын æмæ цинæйдзаг бонтæ арвыста Таухъан адæмы ’хсæн, йæ хъæбулты хъуыддæгтæм кæсгæйæ, фæл’æ... Нызмæлыд зæхх, ныррызтысты æгомыг хæхтæ, сынкъуыст дуне, скуыста фыдохы тых æмæ арт æфтыдта, адæймаджы зонд æмæ къухтæ фыдæй фыртмæ хорзæй цы .сарæзтой, ууыл. Куыдта уырыссаг зæхх мæстæй, куыдтой нæзы хъæдтæ, сæ цæс: сыг калдтой чындздзон чызгау гуырвидауц бæрзбæлæстæ, мæс- тæлгъæд цæссыгтæ калдта Хъазбеджы хох. Раивылдысты хæх- хон дæттæ, сæ масты абузгæ улæнтæ фæдисы хъæр кодтой. Сыстадысты дзыллæтæ. Таухъанйæ фондз фыртæй цыппарæн фæндараст загъта хæсты быдырмæ: «Мæ хъæбултæ, фæндараст ут, худинаг уæ сæрмæ ма ’рхæс- сут. Мæ фæдзæхст уæ зæрдыл дарут. Ма фæхудинаг кæнут ироны кад, нæ фыдæлты хъæбатыр хъуыддæгтæ уе ’мбал!» «Мæ хъæбултæ, мацы уыл æр«цæуæд, уæхи хъахъхъæнут. Уæ зæрдыл дарут уæ фыды фæдзæхст. Лæгты дзуар уе ’мбал». — Фæндараст кодта мад. Цыппар æфсымæры!.. Цыппарæй куывды дæр ничи цæуы! Уыдон та цыдысты хæстмæ. Æнцон нæ уыд ныййарæг мад æмæ схæссæг фыдæн сæ хъæбулты пиллон арты дзыхмæ æрв^тын, фæлæ афтæ домдта рæстæг, сидтис Райгуырæн бæстæ æмæ цы- дысты яыфсхастæй, уæндонæй, сæ зæрдыл дардтой мад æмæ фыды ныхæстæ. «Мæ буц ныййарджытæ, тыхсгæ ма кæнут, р-æхджы цыфыд- дæр знагæн æрцæудзæн йæ кæрон æмæ та уæд кæрæдзийы фен- дзыстæм», — фыста Иван. «Мæ зынаргъ ныййарджытæ, уæ бонтæ хорз, тох цæуы цардæй мæлæты ’хсæн æмæ хъуамæ фæуæлахиз уа цард, хъуа- мæ фæуæлахиз уæм мах», — фыста Ким. «Мæ уарзон мад æмæ фыд, уæ ныхæстæ мæ зæрдыл дарын. Никуы уæ кæнын рох. Уæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Рæхджы та скæглзæн хур æмæ уæд фембæлдзыстæм», — сабыр кодта Майрæм. «Баба æмæ гыцци, æнкъард ма кæнут, уæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Мæ хуызæн æрыгон лæппутæ бирæ ис хæсты быдыры. Тыхсгæ ма кæнут, фæстæмæ уæм æцæг лæгæй раздæхдзы- нæн», — зæрдæтæ æвæрдта Хазби. Хистæр фы.рт Иван — хъæ^гы филауц æмæ комы ’фсарм. Бн’- рæ йæ уарзтой адæм. Уæнгджын æмæ æхсарджын, йæ кафт æмæ йæ зардмæ бирæтæ хæлæг кодтой. Иван ахуыр кодта Цыр.ауы райдиан скъолайы, фæцис каст Алагиры авдазон скъола æмæ бацыд педагогон техникум- мæ. Уый фæстæ куыста директорæй Хæтæлдоны, Бирæгъзæн- джы æмæ Цырауы скъолаты. Хæсты фыццаг бонты хæрзбок загъта йæ ныййарджытæн, йæ уарзон иардæмбалæн, йæ дыу- уЬе чысыл сабийæн. Райдианы куыста Сталинграды санинструк- 130
торæй, фæлæ йæ зæрдæма* ше цыд, йæхи куырдта хæцæг æф- садмæ. Бацыд æмæ æртæ мæпмæ каст фæцис танкæты скъола. Йæ домбай хæцæнгарвæй цыфыддæр знаджы дæрæн кодта Ук- раинæйы атагъаты: «Мæ буц ныййарджытæ, мæ зынаргъ бинонтæ, ныртæккæ знаджы дæрæн кæнæм Украинæйы быдырты. Тагъд æй куьпч- æппарæн былæй аппардзыстæм. Уæхиуыл мацæмæй ауæрдут, æххуыс кæнут Сырх Æфсадæн,». Фæлæ æрцыд егъау бæллæх: 1944 азы Тарнополы Романов- кæйы хъæуы цур фæмард. Ам цыдис æгъатыр тох. Иван йæ танкы экипажимæ цы стыр сгуыхтдзинад равдыста, уый тых- хæй фыстой хæстон газеттæ, фыста газет «Комсомольская прав- да» дæр. Æнусмæ ахуыссыд Иваны домбай зæрдæ, йæ куыстæй банцад зонд, йæ хæрзконд къабæзтæ йын Украинæ хи хъæбулау йæхимæ айста. Куыдта æнгузбæлас!.. Йæ цæссыгтæ калдта ныййарæг мад!.. Сусæгæй куыдта фыд!.. йæ уадултыл, сæууон æртæхтау. згъæлдысты цæссыгтæ Иваны цардæмбалæн æмæ сæ аивæй сæрфта. Æнгузбæлас кодта æнкъард цагъд... Цæмæй зыдтой фыд æмæ мад, цæмæй зыдтой уарзон æм- горæттæ, Иванæй раздæр бынтон сабийæ йæ цард райгуырæн бæстæйы сæраппонд кæй радта хæларзæрдæ æмæ æмгаруарзон Хазби. Стдæсæм уалдзæг мидбылхудгæ æрвыста Хазби. Фæ- цис каст дæс къласы, уыдис æм диссаджы фæндтæ, бæллицаг хъуыддæгтæ, фæлæ Райгуырæн бæстæ домдта æххуыс æмæ уый дæр йæхи фæсфæд нæ бакодта. Хæсты хæдразмæ куыста Алаги- ры радиойы редакцийы, йæ аив цæгъдтытæй йын бузныг уыдыс- ты адæм. Æфсæддон хаймæ куы ныххæццæ Хазби, уæд æм ба- кастысты хæстон разамындгæнджытæ æмæ сæ мидбылты бахуд- тысты: «Нырма лæппын дæ, æгæр тагъд кæиыс», æмæ йæ арвыс- той хæстон скъоламæ. Кавказы дуæрттæ æрбасаста цыфыддæр знаг, йæ гæндзæх- тæ цагъта Ирыстонмæ, хъавыд Фæскавказмæ дуæрттæ бакæны- ныл. Цыдысты карз тохы тымыгътæ, сæ улæнты æвзыгъдæй йæхи баппæрста Хазби. Дзуарыхъæуы бынмæ знагимæ егъауто- хы фæмард æрыгон лæппу, аскъуыд зарæг йæ райдианы, кæ- ронмæ нæ ахæццæ йæ рæсугъд цагъд. Хазби кæимæ ахуыр кодта, йæ сæнтты базыртыл кæимæ тах- ти, æфсымæртау кæрæдзийыл æрхъæцмæ кæимæ нæ хъæцыдысты, карз тохы тæмæнты кæрæй кæронмæ чи ацыд, ахæм сагсур фæ- °ивæд бирæ ис Алагиры. Уыдонæй иу у поэт Цæгæраты Гиго. Гиго дæр уыд хæсты быдыры, карз хæстыты, фæлæ сыздæхт сæрæгасæй æмæ абон зæрдиаг ныхасæй мысы йæ хорз æмбалы: Куы хылди сау мылазон арвмæ, Куы скъæфта знаг нæ зæх^æ уад. Дæ зæрдæ дæм ысдзырдта афтæ: «Куыд бадон къонайыл æицад». 131
Фæцыдтæ ды хæстонты зи>мæ, Фашистты кодтай уым дæрæп. Дæ нæмыг тахт фыдгулы риумæ, Дæ хъавд иæ мæнг кодта дæуæп. Дæ Райгуырæн дæ удау уарзтай, Дæуæн нæ зæхх уыди зынаргъ. Æмæ йыл амонд демæ хастай, Дæ туджы ’ртах дæр ыл кыттагъд. Ды хурæн нал федтай йæ разылд, Ды нал федтай Уæлахиз, пал. Зæххыл цы хуры тыптæ хъазынц, Дæ тын дæр уыдопæи — æмбал. Ногæй та куыдта æнгузбæлас!.. Фæлæ нынйарæг мадæн æмбæхста йæ маст!.. Ницы дзырдта уарзон фыдæн! Алы изæр æмæ райсом, домбай адæймагау, ныфсытæ æвæрдта рыст зæрд<т- тæн!.. Изæр та-иу мæйы тынты луарæнтæй. зындысты пæ цæс- сыгтæ!.. Сусæгæй хаудтой зæхмæ æмæ сæ уый дæр ныпйарджы- тæй æмбæхста. Æртыккаг æфсымæр Майрæм. — Уый дæр йæ мад æмæфы- ды зæрдæхудты никуы ницæмæй бацыд. Каст фæцис скъола, педагогон техникум, куыста ахуыргæнæгай Алагиры æмæ Би- рæгъзæнджы. Фæсаууонмæ ахуыр кодта педагогон институты. Фæлæ йæ кæронмæ ахæццæ кæнын йæ къухы нал бафтыд. Фæ- цыд хæстмæ. Йæ райгуырæн Ирыстонæй суанг Берлинмæ кодта æнæхатыр тох фыдгулимæ. Фæцис хæст æмæ уæлахизимæ сыз- дæхт йæ уарзон бинонтæм. Мад æмæ фыды цинæн кæрон нал уыд. Фæлæ уæззау цæфтæ æнæхатыр низ сæвзæрын кодтой æв- зонг буары æмæ та аскъуыд æмбисонды æвзонг цард. Ацы хатт йæ царды сагъæс бамбæхсын нал бафæрæзта æнгузбæлас. Нæ сусæг кодтой сæ цæссыгта* мад æмæ фыд, би- нонтæ æмæ хъæубæстæ. Чи зоны, кæйдæр чызг æмбæхста уыцы бон йæ цæссыгтæ!.. Чи зоны æмæ абопы онг дæр æмбæхсы йе стыр уарзондзинад æдзард салдатмæ. Таухъан æмæ Верæйы цоты кæстæр, бннонты хуыздæр, афтæ фæхонынц кæстæры, уыд Барис. Иу ’ рæстæджы писмо райста йæхистæр æфсымæр Иванæй. Лæппуйы цинæн ма кæрои кæм уыд, æвæццæгæн, мæ ныр. лæгыл нымайы ме ’фсымæр æмæ мæм писмо дæр уымæн ныффыста. Фæлæ йыл уæд цы цыд!.. Цыппæрдæс азы!.. Немыц Алагирмæ куы ’рбацыдысты æмæ сæ цъаммар мита^ кæиын куы райдыдтоп, уæд æрыгон лæппуйы зæрдæйы фыхт стыр хæрамдзинад. Цъаммар фыд- гултæ фæкомкоммæ сты Барисмæ. Сæхи мидæг атæрхон код- той, ай нын истæмæн бабæздзæн æмæ йæ бафтыдтой кусыныл, фæлæ лæппу не сразы: «Ме ’фсымæртæ кард æмæ топпы дзыхæй цы æнæуыион зна- гимæ хæцынц, уымæн æз æххуыс куыд хъуамæ кæнон?». Æмæ сын нæ бакоммæ каст. Æнаккæгтæ снадтой лæппуйы, 132
ныппæрстой йæ умæл ныккæнды æмæ уым цалдæр боны ф’æ- цис. Ирыстонæй тард æрцыдысты немыцаг лæгхортæ. Ссæри- бар Кавказ. Советон зæхх, йæ лæгæты худинаджы сæфт фæкод- та цыфыддæр знаг. Адæм цин кодтой! Хæсты быдырæй здæх- тысты хæстонтæ. Фæлæ Габысты цыппар хæстонæй иунæг Акимы йедтæмæ ничи уал раздæхт. Аким дæр йæ хистæр* æф- сымæр Иванау ацьтд йæ фыды фæндагыл. Фæцис каст скъола, техникум, институт. Куыста ахуыргæнæгæй æмæ директорæй Цырауы, фæцис цыппар азы хæсты быдыры æмæ æгас хæдзар ссардта. Ф<тстæмæ та райдыдта кусын ахуыргæнæгæй скъо- лайы. Цыппар фырты!.. Цыппар фыды... Цыппарæй куывды дæр ничи цæуьт!.. Фа\лæ уый баурæдта ныййарæджы зæрдæ, нæ фæтасыд схæссæг фыд. Уæлдайдæр та мад! Вера царды бирæ диссгтгтæ федта, йæ хъæбулты цинæй ради, сæ уæззау хабæрт- ты чингуытæ йын йæ цæсгомыл ныууагътой сæ фæд. Бирæ цæс- сыгтæ æртагъд йæ уадултыл. Фæлæ уæддæр нæ фæтасыд. Æдзухдæр ныфсытæ æвæрдта йæхицæн. Цардбæллон адæймаг æдзухдæр кодта æхсæнады куыст, уыд хорз хъомылгæнæг канд нæхи сывæллæттæн нæ, фæлæ ма æгас хъæуæн дæр. Амард Верæйæн йæ цардæмбал Таухъан. Ахуыссыд, Ирыстоны къуым- тьт рухс цырагъдарæй дыууиссæдз азы чи фæкуыста, уыцы уар- зон адæймаджы зæрдæйы зынг. Фæлæ нæ фæтасыд ныййарæг мад. Рæзынц йæ цоты цот. Иунæг Аким ма йын баззад йæ фондз хъæбулæй. Æмæ йыл цин кæны, рæвдауы йæ чысыл сы- вæллонау. Фæлæ искуы иунæгæй куы аззайы, уæд райсы иæ цардæмбал æмæ йæ цыппар» фырты къамтæ, сусæгæй фæкæуы, æмбæхсы йæ цæссыгтæ йæ фырты цотæй. О, дард баалццон, фæкодта дын æнгузбæлас йæ хабæртгæ, йæ сагъæстæ! Радзырдта дын схæссæг фьтд æмæ ныййарæг ма- ды царды таурæгъ, йæ цæссыгтæ фæкалдта цыппар æфсымæры æнамонд хъысмæтыл. Цæгъды диссаджы рæсугъд цагъд æнгузбæлас! Уый Га- бысты сагсур лæппуты уарзон цагъд кæны! Фæнды йæ, цæмæй дунейыл мауал сирвæза хæсты зынг арт. О, дард бæлццон, хъус, уæдæ, хъус æрыгон удты зæрдæйы цагъдмæ. Уыдон æпустæм афтæ æрыгонæй баззайдзысты, стъалытæ мьтнæг пæ кæныни!
Пухаты Илья ÆХСАРДЖЫН БУЛКЪОН йæ царды хъысмæтимæ йын биноныг зонгæ чи нæу, йемæ иу пут цæхх чи нæ бахордта, уый зынтæй бафиппайдзæн ацы лæджы фидар æнæфæтасгæ уцыхъæд. Уы.рнгæ дæр æй нæ бакæндзæнис, гуыргъахъ, сæрзилæн фæндæгтыл дæлфадихсыд кæй бацис, уыцы хабар: йæ фидæрттажонд уæнгтæ, йæ сæуæх- сидгъуыз цæсгом, йæ цæхæркалæг æрвгъуыз цæстытæ дын бар нæ дæттынц афтæ ахъуыды кæнынæн: «хæсты уæззау тымыгъ- тæ йæ фæхастой, бавзæрста бирæ хъизæмæрттæ, бирæ дудгæ- бсеттæ... Рæнхъон салдатæй схызтис суанг булкъоны бæрзонд къæпхæнмæ...» Уый нæ, фæлæ дæм афтæ фæкæсдзæнис, цыма йæ цæргæбонтæ арвыста цин æмæ цæлы фынгтыл, æдас æмæ æвæлмæцæгæйæ. Гъай-гъайдæр! Афтæ дæ фæсайдзысты дæ цæстытæ, дæ зæрдæйы мидхъуыдытæ. Уымæн æмæ ацы лæджы дзыхæй никуы схаудзæнис мæтылæфтауæг ныхас, никуы йа* фендзынæ æнкъард, фæлмастæй. Кæддæриддæр йæ цæстытæ хæнтурс хъуынджын æрфгуыты бынæй кæнынц худгæ каст, никуы сæ бады мигъы къæм. Мигъы къæмæй иртæст у йæ цард- бæллон зæрдæ дæр, йæ бæстæйы, йæ дзыллæты раз йе ’мбæста- гон хæс намыс æмæ кадимæ чи бафиды, уый адæмы’хсæн цæуы æнæкъæмдзæстыгæй. Æмæ ацы хæххон ирон гуырдæн Райгуырæн бæстæйы раз цæстæвæрæн лæггæдтæ кæй ис, ууыл /га дызæрдыггæнæн нæй: йæ риу æмæхгæд у хорзæхтæй. Уыцы хорзæхтæ мыййаг бæласыл зайгæ не сты æмæ дзы алкæйы бон нæу «æртонын». Уыдон лæ- джыхъæд æмæ туджы ’ртахæй аргæ сты. Алчи дæр сæ йæ бы- ны æмбæхсы удуæлдай тохы эпизодтæ, алчи дæр сæ у æнæ- хъæн кадæджы аргъ. 134
Мæнæн мæ дзырды сæр Гаглойты Дауыты фырт Никъала у Отставкæйы булкъон. Фыссæг. Уый райгуырд 1900 азы Дзауы районы, Приты хъæуы. Лæппуйы райгуырд фыдæлтæй фæстæмæ æгæрон циндзинад \аста ирон ныййарджытæн. Иæ зæрдæйы æхсызгондзинады цырæгътæ ссыгъдысты Да- лытæн дæр, хæрзæггурæггаг æм куы фесты, уæд. Фæлæ уыимæ йæ риуы сабузта æнахуыр сагъæсы суадон дæр: «Сывæллæттæ бæргæ хорз сты, мæ фыдгул дæр æнæкъабаз, æнæ фæстаг фæ- га... Фзвлæ... Сæ дарын æгæр зын у, æгæр... Уымæй дæр хæххон гæвзыкк хъæуы... Бæстæ — ныхы сæрау ихсыд. Цы зæххы «гæппæл- тæ нæм ис, уыдон сой дæр æгъатыр æлдæрттæ цъирынц. Æниу уыцы сагъæсты суадон уайтæккæ асур Дауыты риуы. Уый, зындзинæдты æргъомы бын чи фæтаеыдаид, ахæм лæг нæ уыд. Кусьпшæ—.хуымон гал. Дуры сæрæй дæр кодта <йæ тонайы хай. Куы-иу фæтыхст мæгуыр цардæй, хорхъуаг-иу куы баййæфтой пæ бинонтæ, уæд та-иу йæ балцы лæдзæг йæ къухмæ райста æмæ та-иу куыст, хорагур фæраст дард рæттæм, арæх-иу куыста Ала- зерди æмæ Чъиатурæйы шахтаты. Афтæмæй маамæлайы къæ- бæр амал кодта йæ даринæгтæн... Дауыт Ирыстоны иннæ хъæбатыртау хайад иста фыццаг пмпериалистон хæсты, бирæ фыдгулты бæрзæйыл æрныдзæвд йæ уæззау æхсаргард... Фæлæ хæсты хъысмæт æгъатыр у — пуахæмы тохы быдыры, уырыс-германы фронты уæззау цæф фæцис. Бæргæ ма йæ æрластæуыд йæ фыдæлты уæзæгмæ, фæ- лæ бирæ нал ахаста... Бинонты мæт, хæдзары уæз æнæхъæнæй дæр æрæнцадис Никъалайы уæхсчытыл... Уæдæ йæ мад ахæм æвзæр рæстæ- джы ауал даринагæн цы хъуамæ бакодтаид. Дзурынц, зæгъгæ, цард скъола у. Уыцы «скъола» кæд æгæр къуындæг, æгæр интенсивон уыдис, уæддæр Никъалайæн балæвар кодта бирæ хæрзиуджытæ: ахуырмæ — рæвдз, хистаф- мæ — хъусаг, кæстæрæн — зондамонæг. Йæ алфæмблай дунемæ акастис уæрæх цæстæй. Бамбæрста ца(рд. Базыдта, чи у адæмы хæлар æмæ ’фхæрæг. йæ зæрдæ йын схъарм кодтой Стыр Ок- тябры цæхæрдзæст хуры тынтæ... Раджы снывонд кодта Никъала йæхи Ленины æвæджиаг хъуыддагæн. Уымæн хорз æвдисæн у уый дæр, æмæ 18 аздзы- Дæй ирон партизантимæ йæхи кæй сбаста. Никъала партизан- тæн æйттмардзæ æххуысгæнæгæй равдыста йæхи. Активон æх- ^Уыс сын бакодта 1918 азы 17 æмæ 18 марты Цхинвалы Къоста ^ъазишвили æмæ Георги Мачабелийы бандæты ныхмæ тохы. Цæхæрцæст ирон лæппуйы æнтысгæ архайдыл уайтагъд сæ иазст æрæвæрдтой партизанон .къорды къухдариуæггæнджытæ ^'Мæсфæндкодтой, цæмæй сæ айстаиккой партийы рæнхъытæм. 1920 аз. Сыгъдысты хъæутæ, сæ сау пиллон арвмæ калд... - ^еньшевиктæ мардтой сабиты, зæрæдты. Адæм хæхтыл лыгъ- Дысты Цæгат Ирмæ. Сæ тæригъæдæй бæстæ скъуыдтæ кодта... 135
Фæлæ адæмы мастисджытæ дæр æнцад нæ бадтысты — уыдон ахъаззаг тох самадтой революцийы знæгты ныхмæ, сæ тугæй æлхæдтой сæрибардзинад, уæлахиздзинад. Фыдбон æмæ, дам, фыдлæг бирæ нæ хæссынц. Сæ сау фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты цъаммар меныневиктæн. Сæх- хæсти нæ хæххон адæмæн се’иусон бæллиц —Хуссар Ирыстоны сæрмæ сфæйлыдта Советон хицауады тырыса. Уый, сæуæхси- дау, ныррухс кодта Ирыстоны талынг кæмтты, хæхты. Рæстаг фæллойуарз дзыллæйы зæрдæмæ ныддардта уаз цырæгътæ. Уыцы æрдхæрæйнаг тырыса йæ рухсæй фенын кодта Гаглойты Никъалайæн дæр пæ дарддæры цардвæндаг. Цæвиттон, Никъала рагæй æппæрста йæхи æфсæддои хъуыддагмæ, рагæй йыл хъардта йæ уд. Гъе, æмæ’ гыццылæй адæймаг цæмæ сцыбæл вæййы, цьг хъуыддаг бауарзы туг æмæ зæрдæйæ, ууыл вæййы стырæй дæр пæ сагъæс, йæ мæт. Афтæ уыд Никъалайы хабар дæр. Æфсæддон хъуыддаг æл йæхимæ, магнитау, балвæста æмæ 1922 азы амидæг 11С Ту.р- чы арæныл, 1923 азы та ахуыр кæнынмæ бацыдис Тбилисы æфсæддон-политикон скъоламæ. 1924 азы Гуырдзыстоны мень- шевикты растады бонты Никъалайæн бахæсгонд æрцыд стыр æхсызгон æмæ бæрион хъуыддаг. Йæ цард уыд тæразыл æвæрд, фæлæ йæ хæс æххæст æрцыд æмæ уый тыххæн Никъала хор- зæхджын æрцыд сыгъзæрин сахатæй. 1926 азы Никъала каст фæци æфсæддоп скъола æмæ ны- сангонд æрцыдис фыццаг гуырдзиаг æхсæг полкъмæ ротæйы пз- литкъухдариуæггæнæгæй. Уым дæр та Никъалайы æвзыгъддзи- над, æфсæддон-политикон цæттæдзинад уайтагъд фæбæрæг сты. Фæндиæгтæ... фæндиæгтæ... Цынæ бæрзæндтæм хастой Ни- къалайы сæ базыртыл... Лæг цы фæндагыл ныллæууа барвæн- донæй, ууыл хъуамæ цæуа æвæллайгæ, æнæ цудгæ, цы ис уы- мæй бæллицагдæр хъуыддаг æмæ дæ нысанмæ куы фæхæццæ уай? Гаглойы фырт цадæггай уæрæхдæр кодта йæ зонындзинæд- тæ, йе ’фсæддон курдиаты фæлгæттæ. 1928—1929 азты Никъала ахуыр кодта Киевы æфсæддон кадртæ-цæттæгæнæн скъолайы. Каст æй куы фæцис, уæд га нысан æрцыдис, раздæр цы полчъы куыста, уырдæм ротæйы ко- мандирæй. Фæстæдæр, 1930—1931 азты уый хайад иста, Фæскавказы цы абырæгон къордтæ уыдис, уыдон ныппырх кæныны хъуыд- даджы. Уый фæстиуæгæн ын лæвæрд æрцыдис Гуырдзыстоны Централон Æххæстгæиæг Комитеты грамотæ æмæ сæрмагонд æхсæнгарз... Гаглойы фырт 1934 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Ленины ’номыл æфсæддон-политикон академимæ æмæ йæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæдис 1938 азы. 136
Академи каст куы фæцис, уæд куыста æфсæддон комисса- рæй автомобилон бригадæйы. Бонтæ цыдысты сабырæй. 1939— 1940 азты Никъала активон хайад иста Финляндийы хæсты 50-æм æхсæг корпусы политхайады хистæры хæдивæгæй. Уыцы тохты Никъала хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд «Сырх Тырысайы» орденæй. Цыд рæстæг æмæ ралæууыд бонты уæззаудæр—1941 азы 22 июнь, фашистон Герман гадзрахатæй æрбабырста нæ Рай- гуырæн бæстæм. Коммунистон парти æрсидтис советон адæм- мæ: ралæууыд тæссаг, фыдæвзарæн рæстæг, æмæ йæ райгуы- рæн бæстæйыл йæ зæрдæ кæмæн риссы, уыдои сæ къухмæ хæ- цæнгарз райсæд æмæ тох кæнæд советон зæххы алы къахдзæ- фы. тыххæй дæр, цалынмæ мæнгард знаг—Гермапы фашизм бынтон дæрæн æрцæуа, уæдмæ. ’ Æмæ, æцæгцæр, нæ адæм гыццылæй, стырæй, сылгопмагæй, нæлгоймагæй сегас растадысты иумиаг знаджы ныхмæ тох- мæ, кодтой пын сæрсæттæн цæфтæ. Уæд Гаглойты Никъала куыста Мæскуыйы, æмæ йæхи фæндонмæ гæсгæ æрвыст æрцыд фронтмæ... Советон адæм, кæд фашистон тыхæйисджыты ныхмæ уд- уæлдай тох кодтой, уæддæр хæсты фыццаг бонты бахаудтой тынг зын уавæрты. 1941 азы фæззæгмæ фашисттæн бантыст иæ бæстæны ахс- джиаг центртæм, Мæскуымæ æввахсдæр бацæуæнтæм æрбаир- вæзын. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæззаудæр тохтæй иу райтынг Мæскуыйы цур. Уыцы æнæмсæр тохы, йæ хъуырмæ хотыхджын чи уыдис, уыцы гитлерон æфсадыл æрцыдис стыр зиан, не ’фсад ын фæкодта ахъаззаг сæрсæттæн цæф. Афтæмæй пырхгонд æр- цыдис немыцаг-фашистон æфсады æнæбасæттындзинады миф. Мæскуыйы цур гитлерон фашистты ныхмæ стыр тугаклæн тохты хайад иста Никъала дæр, уым ноджы тынгдæр фæбæрæг, хæстон уавæрты æнæфæтасгæ æмæ принципиалон кæй у, уый. 1942 аз. Апрелы мæй. Гаглойы фырты къухты фæсагътой балцы гæххæтт ахæм фыстимæ: «Цæуын хъæуы Брянскы фронтмæ. Бынатмæ хъуамæ ныххæццæ уай 27 апрелмæ». Брянскы фронты дæр та Гаглойты Никъала йæхи равдыста райгуырæн бæстыл æнувыд тохгæнæгæй, патриотæй. Æнустæм цæрдзæнис Сталинграды тохы не ’фсады уæла- хиздзинад. Фидар, хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад равдыстой Волгæйы горæты хъахъхъæнджытæ. Сталинграды тугкалæн хæст йæ бындурмæ сæнкъуысын кодта фашистон империйы. Немыцаг фашисттæ кæд Сталинграды хæсты ахъаззаг дæ- Раен, æрцыдысты, уæддæр. ма бафæлвæрдтой не фсæдты ныхмæ фæлæууын 1943 азы сæрды Орел-Курскы къæлæтæджы, фæлæ та гитлеронтæн ацы тохы дæр асаст сæ астæумагъз. Курскы цур 137
немыцаг-фашистон æфсæдты ныддæрæн кæныны фæстæ нæ гарзджын тыхтæ райтынг кодтой стыр размæбырст. Никъала æрвыст æрцыд Воронежы фронтмæ, Орел-Курс- кы цур тугкалæн тохтæ кæм цыд, уырдæм æмæ та уым дæр райста активон хайад фашистты ныхмæ тохы. Никъала дыууæ хатты фæцæфтæ фронты, дыууæ хатты ныккалдта йæ туг уырысы æвæджиаг зæххыл, фæлæ-иу уæд- дæр фæсчъылдыммæ нæ акуымдта, размæ-иу бронетанктимæ бырста, гитлеронты дæрæн кæнгæйæ. йæ бронетанктæ стыр æх- хуыс кодтой нæ фистæг æфсадæн фашистты ныхмæ размæ- бырсыны заманы. Уый фæстиуæгæн ын стыр аргъ кодта æмæ йæ уарзта Фыццаг Белоруссы фронты бронетанкты комаадæгæ- нæг инæлар-лейтенаит Ооел. 1944 азы горæттæ Ковел æмæ Менджижец ссæрибар кæ- нынмæ Буг æмæ Вислæйы цæугæдæтты сæрты ахизыны рæс- тæджы Гаглойы фырты бронетанкон æфсæддон хайæн стыр æнтыстытæ кæй уыд, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд «Сырх Тырысайы» орденæй. Никъала йе ’фсæдтимæ ахадгæ сгуыхтдзинæдтæ равдыста Одеры цæугæдоиы сæрты хизыны æмæ горæттæ Подстам, Бранденбург ссæрибар кæныны рæстæджы дæр. 1945 азы 20-æм апрелы 77-æм æхсæг корпус бырста фæс- чъылдыммæ æмæ бацыдис цæгаты ’рдыгæй горæт Подстаммæ. Уыцы рæстæджы корпусы командир инæлар-летенант Позняк Никъалайæн бардзырд радта, цæмæй сыхаг 9-æм танкæйон корпусимæ сарæзтаид бастдзинад æмæ уавæр базыдтаид. Уый вазыгджын хъуыддаг уыд. Абадт йæ машинæйыл æмæ, фаш’ист- тæ кæм хъахъхъæдтой, уыцы фадыджы ахызтысты, немыцæгтæ сæ нæ бафиппайдтой, афтæмæй. Никъала нæхи æсЬсæдтæм куы фæцæйхæццæ кодта, уæд æй фашисттæ базыдтой, æмæ сæ фæстейæ райдыдтой æхсын. Фæлæ ма цафон? Баирвæзтысты нæхиуæттæм — фарастæм тан- кæйон корпусы бригадæйы кюмандæкæнынадмæ. Уырдыгæй Ни- къала фæдзырдта инæлар-лейтенант Познякмæ æмæ йын бам- барын кодта уавæр. Не ’фсад æмткæй абырста размæ фарас- тæм корпусæн æххуыс кæнынмæ, ссæрибар кодтой горæт Под- стам. Уацары йæхи радта фашистты æ«нæхъæн арми. Ахæм зын уавæры хъæбатырдзинад кæй равдыста Гагло- йы фырт, уый тыххæй та хорзæхджын æрцыд Кутузовы дык- каг степены орденæй. Не ’фсад хъæбатырæй бырстой размæ, сæ разы лæууыдис, историон стыр нысаниуæг кæмæн уыдис, ахæм ахсджиаг хæс — фашистон лæгмарты сæхи лæгæты ныддæоæн кæнын, Берлины сæрмæ Уæлахизы сырх Тырыса ’рсадзын. Æмæ уый та æнцонæй не ’фтыд къухты, хъуыдис стыр лæджыгъæд равдисын. Æмæ уыцы лæджыгъæд разындис советон бархизæг æфсадмæ, кæцы йæ зонгуытыл æрлæууын кодта фашистон Германы æфсады. 1 Уыцы вазыгджын операци — Берлины штурмы рæстæджы 138
Никъала йе ’фсæддон хæйттимæ уыдис хæсты гæккæ цыры- ны, равдыста дзæвгар сгуыхтдзинæдтæ. ’ Уымæ гæсгæ та йæ 47-æм армийы командæкæньгнад Сове- тон Цæдисы Хъайтар, гвардийы инæлар-лейтенант Прохоров æмæ армийы æфсæддон Советы уæнг инæлар-майор Королев, дымкаг хатт бавдыстой Сырх Тырысайы орденæй схорзæхджыч кæнынмæ. Никъалайы фæтæн риуæй дæр рарттывта Кутузовы дыккаг къæпхæны орден, Фыдыбæстæйон хæсты æртæ ордены — æдæп- пæт аст ордены æмæ дæс майданы. Къаддæр хорзæх нæу, йæ хæстон æмбæлттæ йæм цы зæрдæ дарынц, уый дæр. Советон зынгæ.фыссæг Николай Тшхонов Гаглойты Да- уыты фырт Никъалайы хæстон хъæбатырдзинæдты тыххæй мæнæ куыд фыссы йæ хæстон мысинæгты: «Николай Дауыты фырт, æрвитын дын «иууыл зæрдиагдæр фыццагмайон салам! Цалдæр боны фæстæ æппæт советон адæм нысан кæндзысты фашистон Германыл фæуæлахизы бæрæгбон æмæ уыцы бон æрымысдзысты сæ хъайтарты сгуыхтдзинæдтæ. Мæнæн дæр мæ зæрдыл афлæууы мæ зынаргъ æмхæстон Ни- колай Давиды фырт æмæ агуывзæ сисдзынæн æмæ акувдзы- нæн уый цæрæнбоны тыххæй, райгуырæн бæстæйы æнувыддæр, хъæбатырдæр æмæ зынгæдæр фырты цæрæнбонты тыххæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтары цæрæнбоны тыххæй». Бæгуы- дæр у ахæм цæстуарзон, зæрдæбын ныхæсты аккаг Гаглойы фырт. Уый йæ царды фылдæр хай Советон Æфсады рæнхъыты арвыста, Советон Æфсадæн балæггад кодта 36 азы. Гвардийы булкъон, фыссæг Гаглойты Никъала ныр у отс- тавкæйы афицер. Йæ 68 азы йæхирдыгæй фесты. Фæлæ азты æргъомы бын мыййаг нæ фæтасыд. Уый зæрдиагæй кусы аива- дон литературæйы. Ныффыста 70 очерк æмæ радзырдæй фыл- дæр. Рацыдысты йын мыхуырæй. Мыхуыры рауагъта чингуы- тæ: «Комиссары бонæг», «Хæсты цæхæры», «Уæхскæй-уæхск- мæ» æмæ æндæртæ. Йæ пьесæ «Исахъ» æвæрд æрцътд Хуссар Ирыстоны падза- ладон театры оценæйы,, «Дыууæ ’фсымæры» та — Тбилисы. Гаглойты Н. хайад иста урсфинæгты ныхмæ тохы дæр. ^ьш тыххæй фыст у йæ чиныг «Комиссары бонæг». Уый чиныг- кæсджыты зонгæ кæны хæсты заманы комиссары куыстимæ. Чпныг «Хæсты цæхæры» æмæ æндæр очерктæ фыст сты мид- -æсты темæтыл, иууыл зынгæдæр ирон революционертæ Сана- хъоты В., Гаглойты С, Плиты А., Козаты Р., Дзадтиаты А. æмæ æ11Да>ртыл. Революцийы сæрыл тохгæнджыты цард æмæ тохьт тыххæй ]^УЫ фæфыссы, уæд æй архивон æрмæджыты фæдыл цæуын °ахъæуы Мæскуымæ, Ленинград, Тбилис, Баку, Кутаис æмæ с0НДæр бынæттæм. Хорз сахуыр кодта Никъала, æмткæй сисгæ- 139
йæ, Ирыстоны революцион тохты фæдыл кæм цы ’рмæджытæ ис, уыдон æмæ йæ очерктæ дæр уымæн цымыдисаг рауайынц. Алыфарсон сты фыссæджы фидæны сфæлдыстадон пълантæ. Гаглойты Никъала активон хайад исы нæ областы æхсæна- дон æмæ политикон царды. Бирæ азты дæргъы у партийы Хус- сар Ирыстоны обкомы æнæштатон лектор. Арæх фæкæсы, куыд нæ горæты, афтæ хъæуты дæр нырыккон дунейон уавæры фæ- дыл лекцитæ, æнгом бастдзинад ын ис фæллойгæнджытимæ. Никъалайæи йе ’фсымæртæ Захар æмæ Уасил дæр активон хайад истой нæ гарзджын æфсады рæнхъыты Стыр Фыдыбæс- тæйон хæсты заманы. Немыцаг фашисттæй нæ уарзон бæстæ бахъахъхъæныны тыххæй сæ сæр нывондæн æрхастой, хæстæй нал æрыздæхтысты. Ахæм æнувьтд адæймаг у гвардийы булкъон, фыссæг æмæ коммунист Гаглойты Никъала. Никъала кад скодта йæ адæм æмæ Ирыстоиæн.
АКИМ ГРИГОЛ Гаглойты Владимир СОСЕЙЫ ТОХЫ БÆЛЦЦÆТТÆ 1941 аз. 22 июнь. Æхсæвы тар йæ астæуыл фæхицæн æмæ боны рухс цæуын байдыта йæ барты. Фæлæ феуæгъд сты зын- доны дуæрттæ æмæ ’иæнхъæлæджы зæххы сæрмæ дзыгуыртæй сæ сау пъæлæзты фæзындысты удхæсджытæ. Фæзындысты æх- сæвы тары, сæхгæдтой зæрин хуры тынты. Уадидæгæн аны- хъуырдтой боны рухс. Аныхъуырдтой æмæ сау мæлæт зыдæй зклын райдыдта зæххы къорийы сæрты. Зилы сау мæлæт æмæ уидзы мингай цæрьшхъуаг удты йе ’нæфсис тугæйдзаг ныхтæй. Уыцы бон æхсæвы тар æмæ сау мæлæт лымæндзинад скодтой. Мастæмæ цæстысыджы фæхуыдуг сты цинтæ. Аскъуыд зараэг æмæ адæмы зæрдæты æрбынат кодтой тас æмæ хъарæг. Тыххæйты азылдч рæстæгæн йæ цалх. Тугхъулон мигътæй куыддæрты æрхъуызыд зæхмæ рухс. Æрбабон. Æрбабон, фæ- л* боыы рухс ацы хатт йемæ нал æрхаста цинтæ. Цинты бæс- ты фæдисы хъæр айхъуыст. ...Фæдисы хъæр æрыхъуысти Ирыстонмæ дæр æмæ анæ- Рыд комæй-коммæ, хъæуæй-хъæумæ, хæдзарæй-хæдзармæ. Фе- хъуыст Гаглойты Сосейы бинонтæм дæр. Æфсымæртæ æртæйæ сæ хистæр Томайы хæдзары ныууагътой, иинæтæ Сардо, Аким а?маэ Григол фæцыдысты тохы фæдисы стыр хъазуатмæ. Æртæ ^фсымæрæн сæ хистæр — Сардо, йæ фæстæ хæдзарыдзаг къач- 141
нæг сабиты ныууагъта, ныффæдзæхста йæ уæзæджы йæ цард- æмбал Рескайæн æмæ фæцыд... фæцыд æмæ хæсты быдыры æнæмсæр тохы фыдыуæзæг æмæ йæ сабиты фидæны сæрыл хæсты цæхæры басыгъд. Иннæ дыууæ æфсымæры Аким æмæ Григол хæсты тугæй цæмфæндæгтыл фæцыдысты кæронмæ. Райстой удхæссæгæй се ’фсымæры туг æмæ æрхастой сæ фыды уæзæгмæ фарн æ-мæ уæлахиз. Хæсты размæ æфсымæртæн сæ хистæр Сардо Додоты хъæ- уы колхозы раззагондæр колхозонтæй сæ иу уыд. Хъæубæсты уарзон, хъæубæсты фæдисон. Æниу æфсæрм æмæ лæгдзинад Сосейы фырттæ сæ мады гуыбынæй рахастой. Хæрз чысылæй сидзæрæй баззадысты æмæ сын æгæр р*аджы æрынцади царды уæз се ’взонг уæхсчытыл. Фæлæ æфсымæртæ лæгдыхæй абырс- той сæ мæгуырдзинад æмæ ныллæууыдысты царды фæндагыл. Ног дуджы сæ бынат ссардтой æхсæнады, адæмы æхсæн. Æфсымæртæ се ’ртæ дæр уыдысты Додоты хъæуы ног цард- аразæг фидиуджытæй, хъæуы партиои æмæ фæскомцæдисон чырты къухдариуæггæнджытæй. Аким æмæ Григол кусын райдыдтой мыхуыры. Кæрæдзи фæдыл зынын райдыдтой сæ уацтæ уæды ирон ,газеттæ æмæ журналты фæрстыл. Акиммæ разынд æмбисонды’ Чфд æмæ намысджын журналисты курдиат. Ссис газет «Коммунист»-ы уацхæссæг. Фæстæдæр сырæзт, сфидар йæ курдиат æмæ ссис газеты бæрнон редактор. Хæст æй æрыййæфта æмæ журналис- ты сис баивта джебогъæй. Гъе, афтæ Григол дæр, йе ’фсымæрау, йæ тыхтæ фæлварын райдыдта литературæйы. Кæрæдзи фæдыл мыхуыры зынын райдыдтой йæ уацтæ, очерктæ, æмдзæвгæтæ, радзырдтæ. Хæс- ты размæ куыста ахуыргæнæгæй. Фæлæ уый дæр рæстæгмæ йæ куыст ныууадзын бахъуыд æмæ фæцыд Фыдыбæстæйон хæстмæ. Даргъ æмæ æвирхъау уыдысты Гаглойты æфсымæрты то- хы фæндæгтæ. 1942 аз. Август. Не ’фсæддон хай лæууыди горæт Сухумы. Аким службæ кодта 392 дивизийы, уыд 45 артиллерион бата- рейы командир. Аким фыццаг хатт тохы хайад райста фашис- тон тыхæйисджыт’имæ Клухоры хохрæбынты, Катзз тохты не ’фсæдтæ ныпдæрæн коцтой знæгты, бацыдысты Туапсемæ æмæ уырдыгæй хохыл ахызтысты Цæгат Кавказмæ. Афтæмæй æвир- хъау тохты фистæг æфсадимæ иумæ Аким цы артилерион дæл- хайы службæ кодта,уый хайад райста Краснодар, Новочер- каск, Миллерово, Луганск, Старобелскы горæттæ æмæ дзæвгар хъæутæ ссæрибар кæныны сæрыл тохты. 1943 азы июны мæчы уæллæо командæкæнынады бардзырд- мæ гæсгæ Аким ахуырмæ æрвыст æрцыд æфсæддон хæйттæи ь;омандиртæ цæттæгæнæн курсытæм. 1944 азы каст фæци Ташкепты Артиллерион ахуыргæнæн* 142
дон æмæ йæ арвыстой Фыццаг Украинæйы фронтмæ. Нысан æрцыд минаметон батарейы командирæй. Райдыдта Акимы хæстон фæндаджы иууыл зындæр æмæ бæрнондæр рæстæг. Знаг Польшæйы арæныл сарæзта фидар плацдарм. Фæлæ Советон æфсады æруромын йæ къухы нæ бафтыд. Знаг дæрæнгонд æрцыд æмæ советон æфсæдтæ бацьг дысты Польшæйы территоримæ, дарддæр иыдысты, знаджы ныхмæлæудсæтгæйæ, ныгуылæнырдæм. 1945 азы февралы мæйы не ’фсад бахæццæ сты Одеры цæугæдонмæ. Гаглойты Акимы дæлхайæн бардзырд лæвæрд æрцыдис^ цæмæй ахызтаид Одеры сæрты, бацахстаиккой плацдарм æмæ бастдзинад сарæзтаишой батарейимæ рацийы фæрцы. Æхсæвы æртæ сахаты. Взводы ,хæстонтæ сæ командир Аким æмæ дыууа1 радистимæ бацыдысты донбылмæ, Дон уыд их. Дыууæ разыс- гарæджы ихы сæрты арвыстой доны иннæ фарсмæ. Тагъд бæ- рæг райстой, зæгъгæ, гæнæн ис ихы сæрты рахизынæн. Рай- дыдтой ихы сæрты хизын. Знаг сæ бафиппайдта æмæ сæ æх- сын райдыдта. Фæлæ нæ хæстонтæ аирвæзтысты Одеры иннæ фарсмæ, бацахстой плацдарм æмæ æхсын райдыдтой знаджы зынгон тæппыты. Знаджы зыигон тæппыты скуынæг код- той, фæлæ знæгтæй удæгас чи баззад, уыдон афæлвæрдтой ата- кæйы рацæуынæмæ мах хæстонтыфæстæмæ донæн иннæ фарс- мæ аппарын, фæлæ уый сæ къухты нæ бафтыд. Мах æфсæддон дæлхай боны цъæхтæм бацахста хъæу æмæ дзы йæхи æрфидар кодта. Æмбисбонмæ хæстæг немыцаг фистæг æфсад танкæты æххуысæй атакæйы рацыдысты. Уа- вæр уыд тынг тæссаг. Аким рацийы фæрцы йæ батарейы хæс- тонтæн фехъусын кодта, знаджы танкæтæ кæмыты сты, уый. Ныннæрыдысты сармадзантæ æмæ знæгты танкæтæй цалдæрæи сæ фæзцæг скалд. Ногæй та знаджы размæбырст. Ногæйта Аки- мы бардзырд батарейæн. Ацы хатт дæр та фæкъуыхцы зна- джы фæнд æмæ фæстæмæ алæууыд. Уæдмæ Аким цы полчъы службæ кодта, уыцы полкæй фæзындысты æххуысмæ æмæ сæхи æрфидар кодтой хъæуы алыварс. Уыцы тохты ныфсхастдзинад æмæ æфсæддон арæхстдзи- над кæй равдыста, уый тыххæй Акимæн лæвæрд æрцыд «Сырх стъалыйы» орден. Хохæй зæй куыд фенкъуысы æмæ уымæн бауромæн куыднæ уал вæййы, афтæ бауромæн нал уыд Советон Æфсады размæ- бырстæн. Не ’фсад бахæццæ сты Германы арæнмæ. Немыцаг-фашис- тон æфсæдты хистæрты ныфс уыдис, зæгъгæ, Советоч Æфсады к&й æруромдзысты сæ арæнтыл æмæ сæ кæй нæ бауадздзысты Германы зæхмæ. Фæлæ фæрæдыди фашистон сырд. Советон Æфсады хъомысджын размæбырстæн уромæи нал уыди. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы æвирхъау тохтæ цыдис арæнтыл, с^æ" немьшæгты хъахъхъæдад атынд æрцыд æмæ не ’фсад алæгæрс- той фашистон Германы зæххыл. 143
Берлинæп сæдæ километры дæрддзæгæн иу къаннæг сæу- дæджерадон горæты фашистон æфсад арæзтой стыр фидæрттæ, Уый уыдис 1945 азы 5 майы. Æхсæв. Уый размæ æртæ боны дæргъы не ’фсæддон хæйттæй æртæ эшелоны бацыдысты кæрæ- дзи фæдыл, фæлæ сæ бон нæ баци горæт сисын.Æрцыдис, Аким цы полчы службæ кодта, уый рад дæр размæ абырсынæн. Æх- сæвы дыууæ сахатыл райдыдта размæбырст уæззау артилле- рийы æхсты фæстæ. Акимы батарей иу æхсæг ротæимæ хæстæг бацыд горæтмæ. Йæ ротæйы хæстоитæй иу цалдæр баирвæз- тысты кæройнаг хæдзæрттæм æмæ уым сæхи æрфидар кодтой, Ротайы иннæ æфсæддонтæ дæр знаджы карз æхсты пиллоны абырстой размæ. Уыдон размæбырстæн æххуыс кодта, Акимы бæрны цы батарей уыди, уый. Горæты кæрон знаджы танкæтæ æмæ сармадзантæ комкоммæ æхстой махуæтты. Фæлæ нæ ба- тарейы хæстопты арæхстджын æмæ рæстдзæвин æхстæй куы- нæггонд цыдысты знаджы зынгон тæппытæ. Бон кæнын райдыдта. Аким уыд горæтмæ иу километр æмæ æрдæджы дæрддзæгæн командои пункты. Ныр цæст æвзарын райдыдта, знаджы сармадзантæ æмæ пулеметтæ кæцæй æхстой, уый. Уыдонмæ æхсыны нысæнттæ Аким радта батарейы взвод- ты командиртæн. Æхсын райдыдтой, афтæмæй скуынæг код- той знаджы цалдæр зынгон тæппы æмæ уымæй фадаг радтой ротæйы хæстонтæн размæ абырстæн. Бацахстой горæт- гæрон кварталты. Гитлеронтæ алæууыдысты фæстæмæ æмæ горæты астæу сæхи æрфидар кодтой. Знаг æрбакалдта ног тыхтæ. Акимы батарей уæззау тохты, фæстæ самадта знæг- тимæ карз тох. Туг лæсæнтæ кодта уынгты. Горæт стыр тохты фæстæ баззад нæ хæстонты къухты. Дарддæр сырдтой знаджы. Знаг-иу йæхи куы кæм æрфи- дар кодта, куы кæм. Фæлæ æрхæццæ ис фыдгул знаджы адзал. Хæсты фæудмæ ма иу бон хъуыд, афтæ Аким уæззау цæф фæци. Бауадзыг. Æрчъицыдта æфсæддон рынчындоны. йе ’муд куы ’рцыд, уæд базыдта, хæст кæй фæци, уый. Дохтыр- тæ бирæ фæтох кодтой мæлæты дзæмбытæй Акимы цард бай- сыныл. Цалдæр мæйы фæхуыссыди рынчындоны. Дохтырты бон баци Акимæн фæстæмæ йæ цард раздахын. Фæлæ знаджы нæмыг уæддæр йæ фæд ныууагъта хъæбатыр хæстоны буарыл. Æрыздæхт фæстæмæ Советон Æфсады афицер Гаглойты Аким йæ фыды уæзæгмæ. Æрыздæхт æмæ йæ риуыл йæ хъæ- батырдзинад æвдисæг хорзæхтимæ æрхаста йæ буарыл æвир- хъау хæстон нуæстæ. Хæсты фæстæ та Аким йæ хæстон хотыхтæ баивта журна- листы сисæй. 1967 азмæ куыста газет «Советон Ирыстоны» ре- дакцийы. Ныртæккæ исы пенси. Æрыздæхт стыр тохæй Акимы кæстæр æфсымæр Григол дæр. Уый дæр, йе ’фсымæрау, йæ хæс- тон хотых раивта фыссæджы сйсæй æмæ нæ абоны рæзгæ æв- зонг сабитæн сфæлдыста аив уацмыстæ. Ныртæккæ дæр уæхск- ’уæзæй фæллой кæны литературæйы фронты. Н4
Аким æмæ Григол арæх æрымысынц сæ зынгхуыст æфсы- мзор Сардойы ном. Æрымысынц æмбисонды хорз адæймаджы. Дæрын кæй фæндыд æмæ царды сæрыл йæхи чи снывонд кодта. Лæджыгъæд æмæ æхсарæй цух нæ уыдысты Сосейы фырт- тæ. Ирон адæмы разагъта хъæбултимæ уыдон дæр цæсгом- джынæй сæ хæс бафыстой сæ иубæстон адæм æмæ сæ Фыды- уæзæджы раз. 10*
Дзугаты Георги ДЖЕБОГЪ ÆМÆ СИСÆЙ Иæ цырыхъхъы фæд кæм нæ баззади, Иæ цинелы фарк кæм нæ ахауди, Уырысы зæххæй Германы бæстæм Каем-иу нæ надта знаджы фæрстæ!.. Гафез. «Салдаты кадæг». 1942 аз. Керчь. Майы мæй афтæ тынг къæвда ахаста, æмæ арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой. Сыджыт афтæ сбыламыхъхъ æмæ, иу акъоппæй иннæмæ фæцæйцæугæйæ, салдаты цырыхъ- хъытæ фатхъултæм ныгъуылдысты. Комбриг Петришевский йæхимæ фæсидт политкусæг Гаг- лойты Федырмæ. Уый уайтагъд бахызт ныккæнды къæсæрæй: топпы фаты хуызæн æлвæст, къæсхуыртæарæзт, бæрзонд лæп- пу-лæг. Æфсæддон салам радта хистæрæн æмæ æдзынæг алæу- уыд йæ разы. Комбриг сыстад, цалдæр къахдзæфы ракодта æрбацæуæг- мæ, хæлар цæстæй йæм бакаст, йæ къух ын нылхъывта. — Зонын, æндæрæбон размæбырсты командир Семенов куы фæмард, уæд æй ды кæй раивтай. Хорз арæхстæ, ныфс- джынæй кодтай хæстонты дæ фæдыл. Фæлæ дын ныр дæ бæр- ны кæнын ноджы стырдæр хæс, — фæцис йæ карды карстау ны- хæстæ æмæ Гаглойы фырты бакодта, стъолыл тыгъдæй цы кар- тæ уыд, уымæ: — Уыныс, — къарандасы бырынкъ æрдардта иу ранмæ, — мæнæ аны стыр хъæу ис ныр æнæхъæч къуыри немыцæгты къухы. Уырдыгæй тохы быдыр армы тъæпæнау зыны, ис ын йхсджиаг стратегион нысаниуæг. Ды уырдæм хъуамæ акæнай 146
сæрмагонд сæтынггонд батальон æмæ знаджы фæсурат, хъæу бацахсат æмæ æнхъæлмæ кæсат нæ дарддæры бардзырдмæ. Махимæ бастдзинад дардзынæ, сæрмагонд хабардзау хæстонтæ æрвитгæйæ. Комбриг иу уысмы бæрц æнæдзургæйæ алæууыд, стæй йæ дъæх цæстытæ ферттывтой, йæ бур, пыхцыл æрфгуытыл бæр- зонд схæцыд æмæ комкоммæ æрбакаст йæ разы лæууæгмæ: — Дæ зæрдыл дар, батальоны хæстонтæн сæ фылдæр «ден- джызон бирæгътæ» сты. Мæлæтæн кæсынц комкоммæ йæ цæс- тытæм. Ныр æххæст кæнынц фистæг æфсады хæстæ. Раст ахæм хъуамæ уа сæ командир дæр æмæ дыл мæ зæрдæ дарын, хæх- хон, ирон джигитт. Фæнды мæ де сгуыхтдзинад! Æххæст кæн бардзырд! Гаглойы фырт йæ кирзæ цырыхъхъыты зæвæттæ кæрæ- дзиуыл æрбакъуырдта: — Ис! — зæгъгæ, фæкодта æмæ цæхгæр фæзылд, рахызт ныккæнды дуарæй. Фæцæуы йе ’фсæддон хаймæ. Сагъæсты аныгъуылд. Стыр хæсты æгъатыр æууæрдæнты бирæ хæттыты фæци, фæлæ-иу уæд политразамонæг уыд. «Ныр æнæхъæн фæтыхджындæргонд батальон — мæ бæрны. Фыдгул цасдæр рæстæджы йæхи кæм æрфидар кодта, бабырсын æмæ байсын хъæуы уыцы бынат. Æнцон нæу, фæлæ цы гæнæн ис, хæст хæст у. Мах нæхи зæх* хыл стæм, хъуамæ нын æххуыс кæна алы дур, алы кæрдæг, алы чысыл къутæр. Уыдон та æцæгæлон тыхгæнджытæ,» — хъуыды кодта командир, талынгмилты сæ акъоппытæм цæугæйæ. Цæмæндæр йæ зæрдыл æрлæууы, раджы, кæддæр, чысыл, фыййаухъом лæппуйæ сæхимæ — Уанелы хъæуы уæлейæ, Си- дæнты, иу мæйдар æхсæвы куыд фæцæйцыд, йæ фысты къорд агурæг. Ихсыд цæвæджы комæй арæзт чысыл кард йæ къухы, афтæмæй цыдис хъавгæ, гъаныр æм рагæпп кæндзæн арс, гъе, бирæгъ, ууыл хъуыды кæнгæйæ. Алы дур, алы къуыпп æм кас- ти искæцы сырды цæстæй, науæд та саунымæтджын уæйыг... Командир дысон цы разсгарджытæ арвыста, уыдон æрбаз- дæхтысты æмбисæхсæвты. Сæ иу уым, æввахсхъæуккаг, къуыи- кых, фæтæнтæарæзт лæппу, хæсты размæ тракторист уæвгæйæ, бирæ хæттыты гæрзытæ кодта ацы саумæр быдыртæ. Ныр йе ’мбæлттимæ бынтон æнæкъæрццæй бацыдысты хъæумæ. Бæс- тон фæбæрджытæ кодтой. Федтой, хъахъхъæнæг постытæ кæ- мыты æвæрдтытæ сты, уыдон, хъæугæрон — акъоппыты рæнхъ, Цалдаэр раны рог сармадзанты лулæтæ сыфтæрджын хъæды’ хихтæй æмбæрзтæй хуыснæджы каст кодтой. Æгæрыстæмæй, фыдгулы афидертæ штабы фарсмæ скъолайы стыр клубы, даргъ стъолты уæлхъус куьтд минас кодтой, уый дæр федтой. О, о, æмæ ныр Федыр уыцы зоиæнты бæстон куы равзæрс- та, картæмæ сæ куы бахаста, уæд фæсидт ротæйы командир- тæм. йæ цæст сыл ахаста. Сæ фылдæры сын уыны фыццаг хатт, фæлæ йæхи афтæ равдыста, цыма се ’ппæты дæр рагæй 147
зоны. Уавæр сын бæстон бамбарын кодта. Радзырдта сын, раз~ сгарджытæ цы зонæнтæ æрбахастой, уыдон дæр. — Хъæуы дыууæ фарс цы пулеметты тæппытæ ис, уыдон куы скуынæг кæнæм, уæд æм пыббырсдзыстæм дыууæрдыгæн æмæ йæ фæскъæбутæй, — дзуры командир æмæ сырх къаран- дасæй гæххæттыл æркодта уырыссаг цæфхады ныв. Хорз фæ- каст се ’ппæтмæ дæр бабырсты ахæм пълан. Чысыл фæстæдæр, хæстон хъахъхъæдады къорд арвитгæ- йæ, батальон арæхстгай анкъуысти размæ. Уаргæ нал кодта, фæлæ уый агъоммæйы саха къæвдатæй зæхх тынг слæхъир æмæ хæстонтæн уыд зын цæуæн, ныхс- *гысты. Уæлдай зындæр уыд пулеметты æмæ минаметты взводтæн. Сæ хотыхты уæззау лулæты уæзæй салдаты къах арфдæр ны- гъуылд зæххы. Бæргæ сæм уыдис уæрдæттæ, бæхтæ, фæлæ цæлхытæ алы уысмæн кодтой сæдзгæ. Цалынмæ сæ лæгдыхæй æппарай, уæдмæ та рæстæг-цыдис æмæ бабырсты æмгъуыд даргъ кодта. Батальоны командир кæд фыдвæллад уыдис, уæддæр йæ цинелы фæччитæ бæрзонддæ(р сыл,вæста æмæ йæхимидæг зыл- дис йæ хæстонтыл. Тагъд сæ кодта, цæмæй ма ферæджы кæной банысангонд рæстæгмæ. Бонырдæм хæрзæввахс бахæццæ сты хъæумæ. Уазал ирд гæ цъелф кæнын райдыдта Сау денджызы цæгатварсæй. Бата- льон чысыл æрлæууыд йæ мидбынат. Фæстаг рæвдзытæ кæ- нынц сæхи æвиппайд хъазуат ныббырстмæ. Бæрæг кæнынц сæ хотыхтæ, пулеметты хъатаратæ, минаметты цыргъфындз, хъы- былымардыйас минæтæ. Уæдмæ æрбахæццæ сты, знаджы пуле- метон хæцæнуæттæ куынæг кæнынмæ чи ацыд, уыцы хæстон- тæ дæр. Фехъусын кодтой, сæ куыст арæхстджынæй кæй бакод- гой, уый. Комбаты чысыл, æгъуыссæгæй бурбын цæстытæ стъалы- рттывд фæкодтой. Уайтагъд размæбырсты нысанæн дыууæ сырх ракетæйы стахт уæлдæфы. Миндзыхæй сдзырдтой нæ хо- тыхтæ. Уырыссаг хъомысджын «Ура», фурды улæнау, хæстон- ты разæй йæ цæргæсбазыртыл атахт. Хъæу уайтагъд æрхъулайы цæджы февзæрд. Хуыссæг- хъæлдзæг гарнизонæй райдианы райхъуыст автоматты къæр- къæр, фæлæ уый бирæ нæ ахаста, уайтагъд бамыр. Нæ хæстонтæ уынгтæм куы бабырстой, уæд арвы кæрæттæ æрбацъæх сты, цадæггай æрбабон. Хъæугæрон цалдæр раны 4>ашистты мæрдтæ, чи сæ ромбæгъд, чи бæгъæмсар. Чысыл фæстæдæр хъæуы астæуæй нæ автоматты -взводы хæстонтæ æрбакодтой стдæс немыцаг уацайраджы, се ’хсæн — дыууæ «кæстæр афицеры. Уыдонæй дæр бирæтæ ронбæгъд, иу цалдæ- рæн та сæ цырыхъхъытæ сæ дæларм. ...Арв раирд. Уалдзыгон хур дзагцæстæй æркаст. Цыма ’стырхæстбынтондæр фæцис, уыйау, .иу топпы хъæр никуыцæй- 148
уал хъуысы. Æрдæгсыгъд скъолайы раз батальон рæнхъы слæууыд. Хур куыд тынгдæр æндавы, афтæ сæ хуылыдз дарæс €ур кæны. Сæ сæрмæ æгъуыз фæздæг, тасгæ-масгæ, цъæх арв- ]мæ ивылы. Буц сты сæ фæуæлахизæй. Сæ фæллад дæр сыл нал зыны. Командир сæм æввахс бацыд. Уымæн дæр йæ къæсхуыр цæсгомыл цины улæн хъазы. Хæстонты рæнхъыл сæрæй кæрон- мæ йæ цæст ахаста, йæ пистолеты бур хуымпыр ,йæ роныл фæс- тæмæ фесхуыста æмæ сæууон, рог уæлдæфы азæлыд йæ хъæлæс: — Арфæ уын кæнын, уæ хæстон хæслæвæрд хорз кæй сæх- хæст кодтат, уый тыххæй! «Ура», «ура», «ура!» — азæлыд æртæ хатты. Уый фæстæ комбат фембырд кодта командирты æмæ сын загъта: — Хæстонтæ сæхи, сæ хæцæнгæрзтæ æрбæстон кæнæнт. Бахæрын сын кæнут. Фæлæ цæфтæн сæ хъæдгæмттæм бази- лут, æрхæссут сæ иу ранмæ. Уый фæстæ хъæуы дæллагфарс кæрæй-кæронмæ æрфидар хъæуы хъахъхъæдадон хахх. Знаг нæм фæстæмæ ма ’рбабырса, уый гæнæн нæй. Гаглойы фырт чысыл фæстæдæр бацыд, скъолайы фаллаг кæрон ын йæ цумайы хæстон цы хатæн æррæвдз кодта, уырдæм. Ис дзы чысыл стъол, йæ фарсмæ — цыбыргомау, сауах- уырст, ныллæг партæ. Федыр, партæ нæмыгдзæф кæм уыд, уым, цыма йын фæриссынæй тарст, уыйау ыл йæ даргъæн- гуылдз арм æрсæрфта æмæ арф ныуулæфыд. Йæ цæсты раз февзæрдысты дард Ирыстоны кæддæр Ор- чъосаны хъæуы астæуккаг скъолайы йæ ахуыргæнинæгтæ: ны- вы хуызæн, чысыл сауцæст чызджытæ, худæндзаст, тымбыл- дзæсгом лæппутæ рагæргæр кодтой скъолайы кæртмæ. Иу фыд- уаг лæппу айвæзта йе ’мкар чызджы урс, гæлæбубаст сау дзыкку. Уый нырдиаг кодта. Радгæс ахуыргæнæг сыл сусæг- мидбылхудгæ фæхъæр кодта: — Ехх, хæст, хæст, — сирвæзт кæддæры ахуыргæиæгæй æмæ фæрссаггæронмæ разылд, хъæуыл фæлгæсы. Цъиузмæлæг никуыцæй зыны. Бирæ хæдзæрттæ калд, бирæ æрдæгсыгъд бæстыхæйттæй нырма дæр цæуы сау фæздæг къæдзмæдзы гæн- гæ. Æрæнкъард, йæ зæрдæ асаджилтæ командирæн. Систа йлв чысыл фыссæн чиныг, лыстæг къарандасы къахц æмæ фыссы: Цымæ мæн аххосæй знаг Мæ бæстæйыл цæуы. Æмæ йæ къæхты бын нæ цард, Нæ рагуалдзæг кæны. Цыма мæ фыды зæхх, мæ хъæу Мæ къухæй æрцыд сыгъд; Цыма нæ быдырты цъæх нæуу Мæн тыххæй у лæбырд... 149
Уæдмæ йæ цумайы хæстон къæсæрæй æрбахызт: — Æмбал командир, мæнæ цалынмæ цай тæвд у, уæдмæ... Уый йæм йæ уæхсчыты сæрты ракасти, йæ сæр æм разыйы нысанæн батылдта æмæ дарддæр сагъæс кодта. Цай цымд фæци. Сухары бур арыд къæбæр æмæ бирæ хæцæнты фæуæг æфсæйнаг кружкæ стъолы тигъмæ бассыдта. йæ фæлахс уадулыл йæ арм æрхаста, стæй йæ сæрак хызынæй чысыл цыппæрдигъон кæсæн систа. Акасти дзы: фæллад, къæс* хуыр цæсгом, хуыссæгхъæлдзæг, тызмæг цæстытæ, тæнæгго- мау бур хъистæ. Йæ ныхы æ’нцъылдтæ цыма фæарфдæр сты. Афтæ йæм фæкаст, цыма мæнæ йæхи нæ, фæлæ уыны йæ фыд Гагкайы. Уый дæр-иу, Бакуйы нефткъахæнты кусгæйæ, изæр сæ хæдзармæ афтæ фæллад æмæ фæлмæцыдæй æрбацыд. Чысыл Федыр-иу йæ размæ разгъорста, хæрдмæ-иу æм скаст, фæлæ-иу æм уый ницы сдзырдта, æрмæст-иу ын йæ дæрзæг арм йæ сæ- рыл æрсæрфта æмæ хихсæнмæ бараст... Æппæт ацы нывтæ, фын фенæгау, йæ цæсты раз азгъорд- той. «Ехх! Йæ мæлæты боны йæ цуры нæ фæдæн. Æвæццæгæн, мæн мысгæйæ йæ уд систа мæ фыд. Цымæ йæ йæ сыджытыл куыд сæмбæлын кодтой? Уæвгæ, мæ хо, стæй ме ’рвадæлтæ уым уыдаиккой... Ехх, Гагка, Гагка, нал мæм фæлæууыдтæ...» Кэесæн стъолыл æрывæрдта æмæ сыстад. Хъуамæ фæдзура æмæ йын хъарм дон æмæ йæ дасæнгæрзтæ æрбахæссой. Фæлæ нæ! Хъуамæ уал комбригæн фехъусын кæна сæ тохы хабæрт- тæ. Æрбадт æмæ фыссы, уæдмæ хъахъхъæнæг фæдисы мидæг ссп уаты: — Æмбал командир, нæ акомкоммæ дард къуылдымтæй дунейы æфсад æрбазынд! — загъта тагъд-тагъд ,тыхст хъæ- лæсæй. . — Хорз, — зæгъгæ, фæкодта Гаглойы фырт, — сæрибар дæ, • - сыстад, йæ цинел æрбакодта, йæ бинокл йе ’фцæджы æрыф- тыдта æмæ дуармæ рахызт. Хуымæтæджы цæстæй акæсгæйæ дæр бæрæг уыд, бирæ æфсад кæй æрбацæуы, уый. Уалынмæ ныннæрыдысты сармадзаны богътæ. Куы хъæуы, куы йæ уæллаг кæрæтты фехæлынц нæмгуытæ. Чысыл фæстæ- дæр æввахсдæр къуылдымæй æрбахызтысты фыдгулы æртæ танка>йы. Нæ хъахъхъæдады æхсæг ротæйы хæстонтæй цал- дæр сæ размæ алæстысты æд гранаттæ. Дыууæ танкæйæн уайтагъд сæ фæздæг скалд, иннæ бырсы размæ, пулеметы нæм- гуытæ ихау згъалы. Фæлæ куыддæр дыккаг къуылдымыл сцæй- хылд, афтæ тымбыл ныззылд йæ мидбынат æмæ сау пиллон суагъта. Хъуысы хæдтæхæджы гуыр-гуыр. Комбат биноклæй скаст арвы тыгъдадмæ. Уæлæ фыдгулы хæдтæхджытæ æрбатæ- хынц хърихъуппыты цæгау, бæрæг уыд, знаг стыр размæбырс- ^гы кæй рассæнды, уый. Чысыл раздæр комбригмæ цы фехъусинаг ныффыста, уый 150
хæронмæ ма бафтыдта, ныртæккæ цы ног уавæр сæвзæрд, уый, æмæ гæххæтт тæргæбæхыл иу хæстонæн арвыста, йæхæдæг фæ- цæуæг сæ хъахъхъæдадон хаххыл. Рæвдз кодта хæстонты æгъа- гыр знаджы æрбабырсты ныхмæ. Хæдтæхджытæ хъæуы сæрты чысыл атахтысты, стæй фæс- тæмæ æрбазылдысты æмæ фæдфæдыл æрызгъæлстой цалдæр бомбæйы. Скъолайæ ма æнæхъæн цы хай уыд, уый æркалд, уайтагъд ссыгъди. Нæ пулеметтæй иуы фæстæ цы хæстон хуыс- сыд, уый æмæ йе ’мбæлттæй дыууæ знаджы бомбæйææд хотых- тæ уæлдæфмæ фæтахтысты. Фашистты фистæг æфсад æрбав- вахс кæнынц. Уæртæ, гъе, счъилдыс, сæ автоматтæ сæ риутыл, афтæмæй лæгæрдынц сæ риуæмбæрц, бирæ нæ, фæлæ гуыбыр дæр нæ кæнынц... Æвæццæгæн та сæм «шнапсæй»* фæкас- тысты. Нæма сæ æхсынц махуæттæ. Уадз, æрбаввахсуой. Хотых- ты мæнгвæдæгтыл сæ амонæн æнгуылдзтæ нындæгъдысты. Хъуысы зæрдæйы гуыпп-гуыпп. Ныртæккæ, ныртæккæ æмæ — æхсыны бардзырд... Фæстаг къуылдымæй æрбазынд фыдгулы салдæтты рæ- \ыс. Сæ автоматтыл хæцынц æркъæппæввонг. Гъæтт мардзæ, мæ хъахъхъæдадон хаххæй зынгхъæлæс <отыхтæй ихуарæгау атахтысты судзгæ нæмгуыты бардзтæ. Знæгтæ дæр дзуапп радтой ахæм дæргъвæтин æхстæй, фæлæ стæй се ’нгом рæнхъ цадæггай атæнæг. Чи ма дзы аззад, уыдон зæххыл аныхæстысты æмæ фæстæмæ бырыныл фесты. Махыр- дыгæй дæр дзæвгар уыдис мæрдтæ æмæ фылдæр та — цæфтæ. Тохы быдыр чысыл фæсабыр, фæлæ комбат зыдта, уый рæстæгмæ кæй у. Фыдгул ныр стырдæр тыхтимæ ’рбабырсдзæн. Æмæ, æцæгдæр, цъус фæстæдæр стыр минаметты нæмгуытæ, ниугæйæ, згъæлын райдыдтой хъæуыл, нæ хæцæнуæттыл. Фыл- дæрæй-фылдæр кæнынц нæ зиæнттæ. Цæфты хæссынц хъæуы астæу стыр хæдзары ныккæндмæ. Командир хорз æмбары, хъæуæй фæстæмæ алæууын кæй \ъæуы ног позицитæм, фæлæ куыд? Комбригæй бæрæг нæма ис. Фæдисон хæстон никуыма зыны. Ногæй та æрбабырсынц фашисттæ. Ныр сæ риуæмбæрц "ал, фæлæ кæм гуыбыр-гуыбыр, кæм та зул-мул быргæ, бирæ сты, æнæнымæц бирæ... Æввахс та сæ æрбауагътой æмæ, æрдæбонау, — æмыхст. Фьидгултæй чи æрхауд, иннæтæ фæстæмæ нал, фæлæ зæххыл ны*шыхæстысты, афтæмæй бырсынц размæ. Нæ акъоппытæм сын нæма хауынц, фæлæ уæддæр æхсынц гранаттæ. ...Командон пункты ныккæнды къæсæрæй хауæгау бакодта хабардзау хæстон. Дзургæ нæ, фæлæ йæ рахиз армы дзыхъхъы ззнгом æлвæст гæххæтты гæппæл авæрдта Гаглойы фыртмæ. * Шнапс (нем.) — арахъхъ. 151
«Ныууадзут хъæу, фæстæмæ тындзутнæ сæйраг тыхтæм», — бакасти уый. Цæфты уайтагъд бричкæтæ æмæ уæрдæттыл æвæрынмæ фесты. Хъæуæй рахизгæйæ, комбат йæ хъæбатыр хæстонтæн се ’рдæг дæр уым куынæуал суыдта, уæд йæ армы тъæпæнæй йæ цæстытыл ныххæцыд æмæ йе ’нæдаст уадултыл æртылдысты æрттиваг хъарм фæрд>гуытæ. Фæстæмæ ракаст ариергарды кæй ныууагъта, уыцы хæстон къордмæ. ...Ныххæццæ сты сæ сæйраг тыхтæм. Гаглойы фырт бацыд командон пунктмæ: — Æмбал комбриг, бар мын радт æмæ дын фехъусын кæ- нон! — ныккæнды дуарæй бахизгæйæ, загъта уый æмæ æфсæд- дон лæуд акодта. Петришевский сыстад, йæ размæ рахызт: — Нæ хъæуы, æппæт дæр зонын. Æз та дæ удыгас нал авн- хъæлдтон. Æгайтма... бавдыстам дæ паддзахадон хорзæхмæ, Ацы цау у Федырæн бирæ хæстон архайдтытæй сæ иу. ...Знаг цæхæры хай кæны Керчы æрдсакъадах. Зæхх ашаз арв зындоны арт фестадысты. Не ’фсæдтæ баржæтыл хъуамæ аирвæзой денджызы фаллаг былмæ. Сæ иу хай уал уромы фа- шистты æрра размæбырст. Командирæй, хæстонæй удуæлдай тох кæнынц. Ацы хъахъхъæдадон хаххыл ис Гаглойы фырт дæр. Ныр писталет нæ, фæлæ йæ къухы — автомат, афтæмæй йе ’мбæлттимæ æнаскъуыйгæйæ зынджы зæй уадзынц знæг- Тыл. Æнæхъæн æхсæв æмæ бон, æгайнæг къулау, лæууынц сæ ныхмæ. Æваст артау ссыгъд Федыры галиу цонг. Хотых йæ къу- хæй асхъиудта. Исдугмæ ницыуал базыдта, йæ мидбынат æр- бадæгау кодта. Æркаст, йæ цæфæй йæ туг суадæттæ кæны. Иæ цонг æнæбары æртыхта йæ къухмæрзæнæй. Æвæццæгæн, хæ- лæн нæмыг уыд, — ахъуыды кодта йæхинымæр. Ныттугсур, цæстытæ тарытæ кæнынц. Хъахъхъæдады хаххæй цæфты денджызы былмæ чи кодта, иу ахæм командир ыл схæцыд æмæ йæ траншейты дæлæмæ акодта. Денджызы был æй комкоммæ баржæмæ баргъæвта. Баржæ уыд адæмæййæ тæккæдзаг, сæ фылдæр — цæфтæ, хъæр- зынц, уæззау уынæргъынц. Гаглойы фырт дæр уыдон æхсæн йæ- хи æруагъта йæ цинелыл. йæ цонг уæззауæй-уæззаудæр кæны, йæ судзгæ рыстæй не ’нцайы. Иæ иу къухæй йæ цырыхъхъы раппæрста æмæ ма йæ цæф йæ къахтухæнæй дæр æнгом æр- бабаста. Уалынмæ баржæ анкъуыст. Денджызы улæнтæ йæ гæзæмæ узæгау кæнынц. Иудзæвгар куы ауад, уæд бæрзонд арвы тыгъ- дады февзæрдысты знаджы хæдтæхджытæ. Баржæйы сæрты тымбыл æрбазылдысты, æрæппæрстой цалдæр бомбæйы. Ден- джыз цæджджинагау сфыхт. Баржæ æвиппайды иуырдæм ныдз- дзой кодта. Иæ кæрæтты ’рдыгæй чи уыд, уыцы цæф хæстонтæй бирæтæ донмæ азгъæлдысты. Райхъуыстис ма сæ зæрдæхалæн æрдыйаг, сæ тарст, мæлæтдзаг фæхъæртæ. Бомбæтæ ноджы 152
кæлынц. Адæм баржæйы астæумæ сæхи æппарынц. Уый фыцгæ денджызы улæнтæ, сыфтæрау, раппар-баппар кæнынц. Гаглойы фырт цал æмæ цал хатты бахауд хæсты уадты* мыгъты, цал æмæ йæ цал хатты баныгæдтой бомбæтæ, сарма- дзаны нæмгуытæ йæ цæрдудæй цал хатты баныгæдтой, цас фæ« хуыссыд уæззау кантузийы фæстæ Налцыччы госпиталы, фæлæ ныртаеккæ цы зындоны арт уыны, ахæм никуыма бавзæрста. Йæ цæсты раз адæм згъæчынц арвмæ схъиуæг денджызы улæнтæм. Сæхи айстой знаджы хæдтæхджытæ. Денджыз цадæггай æрсабыр. Йæ раппар-баппарæй банцад баржæ дæр. Хæстонтæй ма чи баззад, уыдои йæ астæумæ стыгуыр сты. Федыр*ы тæккæ фарсмæ æнустæм мæрдвынæй баци уæззау цæф, саулагъз ме- дицинон хо. Федыр æм æдзынæг кæсы. йæ хъуыдытæ дард атахтысты... Раст афтæ 1920 азы лыгъды рæстæджы Салугæр- дæны хъæуы йæ мæгуыр мадтифæй куы амард, уæд уымæн дæр уыдис ацы чызджы мæрдон цæсгомы, хуызæн — æвæлмон, фы- нæйы æнгæс... ...Цæуы баржæ, бирæ сæ нал хъæуы доны былмæ. Фæлæ та иогæй арвыл февзæрдысты сау сынтытæ. Ныр ныллæгдæр сæхи æруагътой æмæ æвирхъау згъæлд ныккодтой бомбæтæ. Ден- джыз дондзæджындзтæ алæууыд. Баржæ фæхуынчъытæ, дон æй йæ бынмæ ласы. Адæмы æрдиаг æмæ улæнты знæт сæххæтт баиу сты. Федыр ленк кæны йæ иу къухæй. йæ алыварс, йæ фæстæ бирæ æндæр ленкгæнджытæ тъыбар-тъыбур кæнынц. Нал у йæ бон, тыххæй ма йæхи змæлын кæны. Æйтт, хæрз чысыл ма æмæ уæртæ денджызы цъæх уыры улæн сдæры йæ урс æвзагæй. Бирæтæ бахæццæ сты кæронмæ. Сæ дарæсы дон лæмарынц. Федыр дæр бахæццæ. Йæ гуыр уы- рыл, йæ даргъ зæнгтæ нырма — доны, афтæмæй хуыссы, йæ бон нал у размæ абырын. Иæ цонг бынтон ныкъкъодах... Уалынмæ сæм æрбайхъуыст уæзласæн машинæты гуыр- гуыр, сæ цæлхыты бын лыстæг хуыры къыбар-къыбур. Федыры систой машинæмæ. Бирæ æндæр цæф хæстонтимæ йæ аластой госпиталмæ. ...Байгас Гаглойы фырты цæф, фæлæ фронты раззаг хаххы хæстонæн нал сбæззыд. Цасдæр рæстæджы дæргъы ма фæс- чъылдымы æххуыс кодта æрыгон салдæттæ цæттæ кæнынæн, стæй йе ’нæниздзинад æмткæй тынг куы фæцудыдта, уæд 1943 азы демобилизаци æрцыд. Уæдæй фæстæмæ та æнувыд лæггад кæны нæ адæмæн йæ фыссæн сисæй. ...Федыр хæсты агъоммæ цалдæр азы куыста газет «Ком- мунисты» редакцийы æмæ та ныр, фронтæй æрыздæхгæйæ, Даер кусын райдыдта уым. Уыимæ арф аныгъуылд сфæлдые- тадон куысты. 1945 азы Гафез кусын райдыдта журнал «Фидиуæджы» 153
бæрнон секретарæй, стæй та йæ редакторæй. Уый фæстæ та ногæй куыста газет «Советон Ирыстоны» (уæды «Коммунист») редакцийы, стæй 1955 азы æвзæрст æрцыд Гуырдзыстоны фыс- джыты Цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон секретарæй •æмæ ныртæккæ дæр кусы уым. Хæсты дудгæбæттæ, æппæт царды стыр фæлтæрддзинад ног удыгъæд уадзын байдыдтой поэты уацмысты. Уыдон сае тематикæ, сæ аивадон дæсныйадæй цæхгæр хицæн кæнын рай- дыдтой, Гафезæн 1940 азы цы поэтикон уацмысты æмбырдгонд рацыд «Фæндыры зæлтæ», зæгъгæ, уымæй. 1948 азы рацыд йе ’фсæддон æмдзæвгæты чиныг «Адджын у цард», уыцы аз ноджы æмдзæвгæтæй фыст стыр уацау «Ами- нæт». Поэт йæ дарддæры куысты уæрæхдæр айвæзта йæ базыр- тæ. Цæуын райдыдтой йæ чингуытæ фæд-фæдыл, канд йæ мадæ- лон æвзагыл нæ, фæлæ гуырдзиаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл дæр. йæ поэтикон уацмысты чингуытæ: «Фарн», «Уацмыстæ», йе -стыр кадæг «Тулдзы къох», йæ кадджыты æмбырдгæндтæ егъау зентыст сты канд авторæи йæхицæн нæ, фæлæ æппæт ирон поэ- зийæн дæр. 1960 азæй фæстæмæ Гафез лæмбынæг æрывнæлдта прозæ- мæ. йæ фыццаг радзырдтæй дæр фæбæрæг, ног курдиатджын лрозаик нæм кæй фæзынд. Йæ радзырдты æмбырдгонд «Дза- джейы рухс» æмæ йæ роман «Уæ бонтæ хорз, адæм» тынг ба- рухс кодтоп чиныгкæсæджы зæрдæсæ дæсны арæзт фæлгондз- тæй, царды рæстдзинадæй. Афтæ тынг фæцин кодтой нæ театр- дзаутæ йæ пьесæ «Бæсты фарныл» дæр. Гафез æнувыд сфæлдыстадон архайды æмрæнхъ кæны стыр æхсæнадон куыст дæр. Уый у ГКП-йы Хуссар Ирыстоны обкомы уæнг, областон Советы депутат, бирæ хъарутæ дæтты яфыгон авторты хъомыл кæнынæн. Гафезы алыфарсон, курдиатджын сфæлдыстадон куыстæн члыр аргъ скодтой нæ парти æмæ нæ хицауад. йæ хæстон хор- зæх «Сырх стъалыйы» орден æмæ цалдæр майданы фарсмæ йæ риуæй рарттывтой «Сырх тырысайы» орден æмæ «Кады ны- <:аны» орден. Ирон чиныгкæсджыты фидар ныфс ис, Гафез сын нырæй фæстæмæ ноджы стырдæр хæрзиуджыты кæй бацæудзæн.
Æлбортьс Хаджумар ХУЫСТЫ УА, ТОХЫ — ИУДАРОН Нæрынц сармадзантæ, зæхх ризы, бæстыл тугуарæн кæны, мæргътæ та стæхынц бæрзонд арвы цъæхы æмæ уым сæ зарæг кæнынц, цæрæнбоны зарæг, Судзгæ нæмыджы цæфæй хæсты быдыры æрхауы хъайтар — кæмдæр æрдæгсыгъд хæдзары та райгуыры саби. Ахæм у царды мидис. 1920 азы Хуссар Ирыстоны хъæутыл меньшевикон варвар- тæ арт куы æндзæрстой, Ирыстоны сагсур фæсивæд тохы бы- дыры сæ сæр нывондæн куы хастой сæрибары сæрвæлтау, раст уæд хæххон хъæу Уанелы Гаглойты Уасилы хæдзары райгуырд саби — лæппу. Ном æвæрынмæ ма йæм кæй æздæлд, — уай- тагъд фæсхохмæ лидзынмæ фесты, фæлæ сæм ам дæр æнцой цард кæм æнхъæлмæ каст. Урсгвардион бандæтæ Цæгат Ирыстоны хъæуты æмæ быдырты стонг бирæгътау хæтыдысты. Иуахæмы сын партизантимæ бацайдагъ тсарз тох æмæ Уасил уым фæмард. Йæ тугисæг баззад дзидзийыл. Иугæр Хуссар Ирыстоны Советон хи-цаудзинад куы фæуæлахиз, уæд ГаглоГг 1ы бинонтæ дæр æрыздæхтысты сæ райгуырæн уæзæгмæ. Æртæаздзыдæй Уасил баззад бынтон сидзæрæй, амард ]\ф мад дæр æмæ йæ хъомылгæнæг уыд йæ хистæр æфсымæр. Савхимæ райдиан скъола каст куы фæцис, уæд æй йæ хо ра- ^одта Чъребамæ. Саби хъысмæтæн коммæгæс нæ’ разынд, кæд зындзинæд- тæ æвзæрста, уæддæр йæ уд радта ахуырмæ, улæфты рæстæ- лжы та-иу кусгæ кодта, цæмæй къæбæрхъуаг ма æййæфтаид. Афтæмæй 1938 азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис Цхиивалы педахуыргæнæндои æмæ уыцы аз кусынмæ бацыд газет «Лениионы» редакцимæ. Бирæ рæстæджы дзы нæ бакуыс- 155
та. Дунейы сæрмæ фашизмы азарæй æмбырд кæньщ байдыдтой сау мигътæ. Уасилмæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм службæмæ. Адæмы зæрдæты æнусмæ хъæдгомау баззайæг 1941 азы июны 22-æм æхсæв æй æрыййæфта æфсæддон ахуыргæнæндоны хъарм сынтæджы æмæ йæ уайтагъддæр йæ хæстон судзгæ фæндаг акодта фронты раззаг рæнхъытæм. 16-æм армийы скон- ды лæууыд знаджы ныхмæ Волоколамскы цур. Хæстон^фыццаг «дзуарæфтыд» дæр райста ам. Се взводы командир æй æртæ лæппуимæ разсгарынмæ куы арвыста, уæд фæндагыл хæрх- æмбæлд фесты немыцаг разсгарджытимæ. Тох сын бацайдагъ æмæ ныхмæлæуджытæй иу æрхауд, иннæ фæцæф æмæ мард- æфсон ахуыссыд зæххыл. Чи ма дзы баззад, уыдон сæ сæр æфснайынмæ фесты. Уасил æмæ йе ’мбæлттæ немыцаджы æр- кодтой бынатмæ. Уый не ’фсады командæкæнынадæн радта ахсджиаг зонæнтæ. Афтæмæй не ’фсад ныббырстой знаджьг хæстон артдзæстытæм æмæ йын скуынæг кодтой йæ удыгас тыхтæ, байстой дзы бирæ трофейтæ. Знаджы ныхмæ тохты хорз арæхстдзинад æмæ хъæбатыр- дзинад кæй равдыста, уый тыххæй Уасилæн рæхджы радтой лейтенанты ном æмæ йæ снысан кодтой минаметон взводæн командирæй. 1942 азы Сталинграды цур фыдгул сæрсæттæн цæф куы райста, Сырх Æфсад размæ куы абырста æмæ фронт ног ре- зервтæ куы домдта, уæд Гаглойы фырт нысан æрцыд 224-æм дивизийы ротæтæй сæ иу командирæй æмæ йæ æд ротæ Мæс- куыйæ æрырвыстой Сталинграды фронтмæ. Бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ æмæ уæззау бонтæ арвыста Уа- сил, цалынмæ Идылы цæугæдоны былæй Украинæйы зæхмæ хæццæ кодта знаджы дæрæнгæнгæ, уæдмæ. Ам ын йæ хæстон а^нтыстытæ муы банымадтой, уæд ын лæвæрд æрцыд хистæр лейтенанты ном. Цæгат Донецкы чысыл сæ фæллад суадзыны фæстæ, не ’фсæддон хæйттæ сæ тыхтæ сарæзтой горæт Чугуевмæ. Уым æр- бадт знаг æмæ феггуырсын ничердæм уал куымдта. Горæтмæ бацæуæнты немыцаг сармадзантæ ихуарæгау кодтой. Сæ фæнд уыд, цæмæй æрурæдтаиккой не ’фсады размæбырст æмæ аф- тæмæй сæхицæн фадат фæуыдаид афойнадыл фæстæмæ алæу- уынæн. Уасил йæ ротæимæ кæуылты цыд, уым йæ разы æрæмбæхс* тысты фашисттæ æд сармадзан æмæ йæ æхсын райдыдтой уæз- зау сиарядтæй, фæлæ сын уый сæ хинæн фыддæр хин æрымы- сыд. Уайтагъд дыууæ дихы фæкодта йæ ротæйы, фæйнæрдыгæй æрхъула кодтой зиæгтыл æмæ сæ уацары ракодтой æдхæцæн- гæрзтæ. Афтæмæй горæт Чугуевмæ æппæты фыццаг бабырста Гаглойты Уасилы ротæ. • Горæт ссæрибар æмæ æфсады командæкæнынад куы ны- мадта йе сгуыхтдзинæдтæ, уæд Уасил хорзæхджын æрцыд 156
^Сырх Стъалыйы» орденæй, тынг дзы раппæлыд дивизийы ко- ^андир æфсады раз. Уыды бон ма ууыл æрцыд иу хæрзиуæг — райстой йæ Ком- лп’нистон партийы рæпхъытæм. 1943 аз. Зымæг. Хъызт. Цыппор фыццæгæм гвардион æх- сæг дивизийæ уыд бардзырд лæвæрд, Украинæйаг горæт Кор- сун-Шевченковскийы ссæрибар кæныны тыххæй. Уасилы ротæ хъуамæ бабырстаид горæтгæрон хъæумæ азмæ йæ асыгъдæг кодтаид фашисттæй. йæ ординарецимæ фæ- иæйцыд сыхаг æфсæддон хаймæ. Миты иу цъус куы алæгæрстой, уæд сыл цалдæр немыца- джы рамбæлд урс пæлæзты мидæг. Уасил сйе истугмæ нæхи- уæттæ фенхъæлдта, фæлæ сыл куы схъæр кодта, чи стут, зæгъ- гæ, уэзд сæ уыдон æхсын райдыдтой. Уасилитæ миты æрны- гъуылдысты æмæ сыл уайтагъд автоматтæ аскъæрдтой. Сæ къухы дзы удыгасæй цы дыууæ фашисты бафтыд, уыдоны уа- цары ракодтой. Уадайрæгтæ радзырдтой æппæт дæр, хъæуы сын цы тыхтаз пс æмæ сæм цы фæнд ис, уый. Уасил сыхаг æфсæддон хаймæ нал ацыд, фæлæ телефоны фæрцы æркуырдта, цæмæй сарма- дзанæй æхсын райдайой хъæуы æмæ рарвитой иу танк. йæ куырдиат æххæст æрцыд. Ротæ абырста танчы фæстæ. Куыддæр хъæумæ бахæццæ сты, афтæ сын бацайдагъ тох. Уасилы æфсæддонтæ азылдыс- ты уынгты æмæ цыбыр рæстæгмæ фашистты уацары ракодтой. Уыцы хъæуы сæ къухты бафтыд хæцæнгæрзтæй йемыдзаг æф- тауцдон æмæ бирæ æндæр трофейтæ. Уасил æд хæстонтæ уыцы тохы бахæццæ Корсун-Шев- чапкавокийы горæтмæ, фæлæ бардзырд райста, цæмæй уым æрфидар кæна йæ позицитæ. Корсун-Шевченковскийы хæстон операцийы немыцæгтæн \ыд дæс дивизийæ фылдæр. Сæ ныхмæ тох кодтой фыццаг а>мæ дыккаг украинаг фронты æфсæддон хæйттæ. 1944 азы 17 февралы уыцы тохты куынæг æрцыдысты зна- джы тыхтæ. Афтæмæй Украинæйы фыццаг фронт инæлар Ва- тутин æмæ дыккаг фронт инæлар Коневы разамындæй атыд- той немыцаг тыхæйисджыты сæйрагдæр фадыг æмæ уымæй фа- Дат фæцис не фсæддон хæйттæн дарддæр абырсынæн. Уыцы тохты уæлахидзинæдтæ хынцгæйæ, Уасилы ротæйы хæстонты фылдæр хай хорзæхджын æрцыд ордентæ æмæ май- Дантæй. Уасилæн йæхи дæр дыккаг хатт схорзæхджын кодтой ^Сырх Стъалыйы» орденæй. Цыд йæ хæстон фæндæгтыл ныгуылæнмæ цыппор фыццæ- г&зм гвардион æхсæг дивизи. Фæстийæ уагъта Гаглойты Уасил Дæр ссæрибаргонд горæттæ æмæ хъæуты. йæ ротæимæ хæсты №ллоны сыгъд фæндæгтыл фыдгулы тардта йæ лæгæтмæ. Уый хайад иста Днепры цæугæдоны сæрты ахизыныл тох- ™. Уьщ Уасилæн кæд фыццаг йæ цонг фæцьф, стæй та йæ 157
къах, уæддæр фронт нæ ныууагъта, нæ акуымдта госпиталмæ. Фæлæ цонгбаст æмæ къахбастæй командæ кюдта йæ ротæйыл. Афтæмæй знаджы дæрæнгæнгæ ахызт Днепры сæрты. Яссæ-Кишиневы операцийы хайадисгæйæ, Уасил йæ ротæи* мæ цы хъæбатырдзинæдтæ равдыста, уыдонæн ын канд фронты командæкæнынад не саргъ кодта, фæлæ ма йын сæйрагкомандæ- кæнынад дæр загъта бузныг йæ сæрмагонд арфæйы телы. Сæ дивизийы командæкæнынад та йын радта гвардийы капитаны нш æмæ уыд батальоны штабы хистæр. Суанг хæсты фæстаг бонмæ йæ къухы хæцæнгарз, афтæ- мæй Уасил нæ дæр йæхицæн æмæ нæ дæр знагæн нæ радта æн- цойад. Волоколамскæй Берлинмæ ирон лæппу ныууагъта йæ цырыхъхъыты фæд, æмæ хуымæтæджы фæд нæ, фæлæ тугæй- ахуырст, рæстаг лæджы зæрдæйы тугæйахуырст фæд. О, нæ уыд Уасилæн тугныккалын йæ фæсонæрхæджы дæр, фæлæ хъысмæты афтæ бафæндыд æмæ знаг куы ’рба- бырста йæ райгуырæн бæстæм, уæд йæ адджын сæрибар цард баивта æфсæддоны æнæнцой уæззау цардыл. Уæлахизы бон — 9-æм Май йæ æрыййæфта Австрийы сто- лицæ Венæмæ хæстæг горæт Вайдхофены. Уырдыгæй раздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ æртæ орденджын гвардийы капитан Гаглойты Уасилы фырт Уасил. Хæсты фæстæ азты куыста æндæр æмæ æндæр советон æмæ партион уагдæтты: Хуссар Ирыстоны областон бастдзина- ды кадрты хайады гæсæй, Цхинвалы горкомы инструкторæй, газет «Советон Ирыстоны» информациты хайады гæсæй. Кæм- дæриддæр куыста, алы ран дæр ын коллективы ’хсæн уыд цæс- гомджын адæймаг æмæ сыгъдæгзæрдæ æмбæстаджы ном. Уасил ныртæккæ кусы Цхинвалы райкомы пропагандæйы хайады сæргълæууæгæй.
Гаглойты Владимир ЦАРД ÆМÆ ТОХЫ ФÆНДÆГТÆ Стъолы размæ бады бæзæрхыгтæарæзт нæлгоймаг æмæ хъуыдыты анытъуылд. Иæ сæрыхъуынтыл халас æрбадти. Бæ- рæг у, рæстят йæ дæрзæг армы фæд кæй ныууагъта нæлгой- маджы цæсгомыл æмæ йын йæ фыдæлты лæгдзинад æвдисæг мæсгуыты фæрстау йæ царды стыр фæндагæвдисæг чиныг кæй ныффыста пæ цæсгомыл. Æмæ фазлдахæм мах дæр уыцы адæймаджы царды чины- джы фæрстэ? иугай... ...Хæххон хъæу Барс. Ирыстоны рæсугъддæр къуымтæй иу. Раст цыма дзæнæты æппæты фидауцджындæр габаз фескъуыди æмæ йæ Дзауы сæрмæ нæзы æмæ тæрс бæлæсты æхсæн æры- вæрдæуыд. Лцы хъæуы 1902 азы райгуырд Гасситы Виктор. Дуг уыд уæззау æмæ æгъатыр. Æвзонг лæппуйы рæстæг йе здухæнты систа æмæ йæ царды дæрзæг æмæ гуырымыхъ фæлдагыл абалц кодта. Дард быдыры хъæуы æвзонг лæппу йæ къухмæ райста æххуырст фыййауы лæдзæг. Цард цæуы æмæ, дам, фарн йемæ хæссы, фæзæгъынц. 1914 азы чысыл Викторы йæ мады æфсымæр акодта Тбилисмæ æмæ йа? барвыста ахуыргæнинагæй Фæскавказы æфсæйнагфæндæгты ТОчлисы депомæ. 1915 азы фæззæджы Викторы ахуырмæ айс- топ Тбилисы æрмдæсныйадон ахуыргæнæндонмæ. Уыцы ахуыр- гаэнæнлоны фæцахуыр кодта æргæ а ?ы, ста^й 1918 азы Тиф- лисы фабриктæ æмæ заводты ахуыргæнинæгты куыстурæдты хачад кæй райста, уый тыххæй йæ рацух кодтой ахуыргæнæн- Донæй. 159
Цыд рæстæг. Азтæ ивтой азты. Æрбалæууыд дыууынæм æнусы æвддæсæм сыгъзæрин фæззæг. Октябры революцийы уадфидиуæджы хъæр Ирыстоны хæхтæм дæр фехъуыст... Æстдæсаздзыд хæххон лæшту йæ фæринк кард æрбабаста æмæ Ирыстоны айнæгриу гуырдтимæ царды сæрыл мæлæты ныхмæ хъазуаты бацыд. Виктор йæхи сбаста фæсивæды комму- нистон цæдис «Спартак»-имæ, æмæ æххæст кодта большевикон партион организациты сусæг хæслæвæрдтæ. Фæстæдæр Виктор хайад иста партизанты къорды, уыд пулеметы расчеты командир, стæйХуссар Ирыстоны партизан- ты фыццаг къорд куы сырæзт, уæд та уыд взводы командиры хæдивæг. 1920 азы Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджытæ растадысты Гуырдзыстоны меныпевикты хицауады ныхмæ æмæ расидтыс» ты Советон хицауад. Виктор уыд растадонты фыццаг рæнхъы- гы. Йæ пулеметон хаимæ æрфидар Згъудеры къуылдымыл æмæ хъахъхъæдта растадонты знæгты æнæнхъæлæджы æрбабырстæй. Хуссар Ирыстоны Советон хицауад куы расидтæуыд, уы- мæй цалдæр боны рацыд, афтæ меньшевикты æфсад æрбалæ- бурдта Цхинвалмæ. Карз тох самадтой Виктор æмæ йе ’мбæлт- тæ знæгты ныхмæ. Фæлæ иуæй нымæцæй чысыл уыдысты, ан- нæмæй хæцæнгарзæй цух. Растадонтæ нæ баурæдтой знæгты размæбырст æмæ фæстæмæ алæууыдысты. Меньшевиктæ арт æмæ туджы зæйы бын фæкодтой Хуссар Ирыстоны. Фæллой- гæнæг адæм лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Виктор, Санахъоты Матейы къорды уæвгæйæ, фæстаг тох самадта Мæхæмæты ра- гъыл. Фадат лæвæрдта лигъдæттæн цæгатмæ алидзынæн. 1920 азы Цæгат Ирыстоны урсгвардион контрреволюцио- нерты ныхмæ тохы Мæздæджы цур фæцæфи. Сæрибары сæрыл Иры зæххыл фыццаг хатт йæ туджы ’ртах ныккалдта. Сдзæбæх. ...Мидхæсты уадтымыгътæ фесты. Фæлæ революцийы æгъа- тыр знæгтæ, адæмы карз тæрхонæй тæрсгæйæ, фæлыгъдысты хъæдтæм. Ныфсхаст, цæхæрцæст Виктор нæ райхæлдта йæ кард, йæ хæцæнгарз нæ систа, цалынмæ знæгтæ бынтондæр пырхгонд æрцыдысты, уæдмæ. ...Ныллæууыд æнусон уалдзæг. Революцийы салдат, кæд- дæры æххуырст Виктор царды рохтæ йæ къухмæ райста. Раз- дæр куыста фæскомцæдисы Хуссар Ирыстоны обкомы фыццаг секретарæй, стæй та партийы Цхинвалы райкомы фыццаг сек- ретарæй, уыд областы рухсапы адæмон къамиссар. Зын æмæ уæззау уыдысты Советон хицауады фыццаг аз- тæ. Мидхæст смæгуыр кодта бæстæйы. Хæдзарад раууатмæ æр- цыд. Парти йæ хуыздæр фыртты арвыста æппæты зындæр æмæ бæрнондæр куыстытæм. Уыцы намысджын хæс цæсгомджынæй сæххæст кодта Виктор... 1931 азы Гассийы фырт ацыд æфсæддон службæмæ. Фæлдахæм дарддæ^ чиныг... , 160
...1941 аз. Немыцаг фашистон удхор сырдтæ æрОаОырстон райгуырæн бæстæмæ. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст., Яемыдаг фашистон сырдтæн хæсты фыццаг мæйты сæ къухтм бафтыдис иукъорд уæлахиздзинады. Знаг схæццæ ис Ирыстон- мæ. ЦыД æвирхъау тохтæ Кавказы хохрæбьштм. Ирыстон сыгъд цъæх пиллон арты. Терк тугхъулонæй уади, уæлдæфы нкббадтис топпыхосы хъылма фæздæг. Дзæуджыхъæумæ ба- ,,.{»уæнты советон æфсæдтæ æрурæдтой знаджы. Ардыгæй райдыдта Гасситы Викторы зын æмæ уæлахизы хæстон фæндаг. ...1942 азы септябры мæйы Виктор нысан æрцыд 389 æхсæг ^ивизийы баиугоид десантон къорды комиссарæй. Уыцы десаи- тон къордæн бахæс æрцыд, цæмæй Ищерскы станцмæ хæстæг Терчы цæгаты фарсы ’рдыгæй бацахстаид плацдарм. Райсомы арвыл фæзындысты уæззау мигътæ, Терчы сæрты æрбаленк кодтой æмæ фемæхсти сæ цæсты сыг. Советон хæс- тонтæ сæхи æрцæттæ кодтой размæбырстмæ. Æмææнæнхъæлæ- джы фæцæф кодтой знаджы. Десантон къорд ахызт Терчысæр- ты æмæ уæззау тохты фæстæ бацахста ахсджиаг плацдарм. Фæлæ знаг састы бынаты баззадаид, уый йæ нæ фæндыд æмæ æппæт амæлттæй архайдта советон хæстонты фæстæмæ Терчы фаллаг фарсмæ аппарыныл. Тох сцырын. Знаг уыцы бон æх- сæз хатты рацыд контратакæйы. Уыцы тохты Виктор йæхæдæг цалдæр хатты йæ хæстонты астын кодта джебогъæй хæстмæ. Æвирхъаутохты знаг басаст æмæ фæстæмæ алæууыд. Уыцы боп Виктор фæцæф, фæлæ йæ тох нæ ныууагъта, цалыимæ знаг бынтон дæрæн не ’рцыд æмæ не ’фсад Терчы фаллаг фарс бæс- тон не ’рфидар, уæдмæ. Фæстæдæр Гассийы фырт цы полчы служ-бæ кодта, уый <ч?рвыст æрцыд Фиййагдоны был Рассветы хъæуы цурмæ. Полк ьерурæдта знаджы размæбырст... ...1942 аз. 27 ноябрь. Уыцы райсом арвыл мигъы къæм нæ зынди. Полк^ размæ абырсыны тыххæй райста бардзырд. Рай- сомы фараст сахатыл советон танкæтæ размæ абырстой, фæлæ сын Фиййагдоны цъыфдзасты иннæ фарсмæ ахизын нæ баы- тысти. Уæд размæ абырстой фистæг æфсад. Знаджы сармадзаи- та æмæ минометты нæмгуытæ ихуарæгау згъæлдысты. Нæ хæс- тонты æрхуыссын кодтой зæххыл. Раст уыцы рæстæджы пол- та комиссар Гассийы фырт йæ цыппæртыл бабырыд фронты раззаг хайы дыккаг батальонмæ æмæ йæ фæдыл акодта сал- Дæтты. Райдыдта стыр размæбырст. Гассийы фыртæн йæ къухы автомат, афтæмæй уади батальоны хæстонты разæй. Мæнæ знаджы хъахъхъæдады раззаг хай. Фашистон сырдтæ удуæл- даи тох самадтой нæ размæбырсæг хæстонты ныхмæ. Фæлæ не фсаеддонтæ, Виктор сæ разæй, афтæмæй баирвæзтысты зна- ДЖы акъоппытæм. Мæнæ, знæгтæй ма удæгас чи баззад, уы- Дон аппæрстой сæ хотыхтæ æмæ лидзынц фæстæмæ. П* 161
— Райгуырæн бæстæйы сæрыл размæ! — анæрыд Викто- ры хъæлæс æмæ хæстонтæ йæ фæдыл ассæстой фыдгул знаджы. Æнæнхъæлæджы знаджы нæмыг сæмбæлд Викторыл, фæ- лæ йæ уый фыццаг нæ рахатыдта. Йæ тæвдæй ма сæдæ фæн- дзай метры бæрц ацыд, стæй йыл бæстæ разылд, йæ цæстытæ атарытæ сты æмæ ницыуал базыдта. Иу афоны йæхи æрæмбæрста, тых æмæ амæлттæй йæ цæс- тытæ байгом кодта. Цы фыд ыл сæмбæлд, уый фыццаг нæ ра- хатыд. Рыст йæ сæр, гуыз-гуыз кодтой хъустæ, цыма йын исчи тæвд уæхст йæ астæумагъзы атъыста, уыйау рыст йæ астæу. Йе ’муд куы ’рцыд, уæд фыццаг хатт йæ сæрмæ федта иугай стъалытæ арвыл. Цыдæр тæригъæдтаджы ферттив-ферттив код- той. Бæстæ уыд сабыр, æнæ уынæр. Æрмæст Фиййагдоны ’рды- гæй улæфыд фæззыгон уазал дымгæйы уддзæф æмæ уый цы- дæр æхцондзинад лæвæрдта Викторяен. Кзэмдæр æввахс ранæй йæ хъустыл ауад кæйдæр тæрн- гъæддаг хъæлæс: «Мæлын, баххуыс мын кæнут!». «Чи у, чи мæлы? Науæд кæмæ сиды æххуысмæ?» — йæ сæры магъзы схæлбурцъ кодтой алыгъуызон хъуыдытæ. Ца- дæггай йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы боны тохтæ. Æрхъуы- ды кодта, батальоны хæстонты размæбырсты куыд.акодта, уый, стæй куыд æрхауд. О, фæлæ кæм сты нæхиуæттæ? Цæмæн æй ныууагътой ам, хæсты быдыры? Цæмæн ныууагътой уæртæ уым хæстæг ран, йæ туджы ч« мæцы æмæ æххуысмæ чи сиды, уыцы хæстоны та? Исдуг рахъавыд йæ фарсыл цæф хæстонмæ бабырын æмæ уымæн баххуыс кæнын, фæлæ иуырдæм фæзилон куыд загъта, афтæ æвирхъау рыст ныццавта фæскъæбут æмæ фæстæмæ йæ бынаты æрхауди. Ногæй та рахъавыд растынмæ, фæлæ йæ фæндæй ницы ра- уад. Туг фæцыд фарсæй, хаты йæ, лæмæгъæй-лæмæгъдæр кæй кæны æмæ йæ адзалы бон кæй æрхæдцæ кæны, уый. Мæлæтæп нæ тæрсы мыййаг, фæлæ йæ нырма мæлын нæ фæнды. Зоны йа\ кæй райдыдта стыр размæбырст æмæ уыцы æвæджиауы тохты хайад кæй нæуал райсдзæн, уæлахиз йæхи цæстæй кæй нал фендзæн, ууыл уыд йе стыр хъынцъым. Йæ цæстытыл ауадысты йе ’взонджы бонтæ. Барсы къуылдым. Иæ ныййарæг гыцци, йе ’фсымæртæ Акаки æмæ Илья, йæ хо Фрося. Йе ’фсымæртæ дыууæйæ дæр хæсты быдыры сты. Бæрæг сæ ницы зоны Вик- тор. Куыд уыдзæн йæ ныййарæг мад, хабар куы фехъуса... Æнæнхъæлæджы йæ хъустыл цыдæр уынæр ауад, айхъуыс- та. Уынæр хæстæгæй хæстæгдæр кæны. Йæ фарсмæ ма фæлæ- бурдта йæ дамбацамæ, фæлæ та рыст ногæй ныццавта фæс- къæбут æмæ та бауадзыг. Йæхи æрæмбæрста дыккаг бои райсомæй, йæ цæстытæ гæ- зæмæ байгом кодта. Йæ алыфарс тыгуырæй лæууыдысты усты- >тæ æмæ хъарæг кодтой. Виктор исдуг нæ бамбæрста, кæдæм æр- ’бахауд æмæ афтæ зæрдиагæй цæмæн хъарæг кæнынц æнахуыр 162
устытæ. Фæстæдæр куыд базыдта, афтæмæй йæ не ’фсæддон санитартæ йæ туджы мæцгæ уадзыгæй тохы быдыры ссардтой æмæ йæ ахастой Къостайы хъæумæ. Уым хъæубæсты устытæ, æмæ зæронд лæгтæ куы базыдтой, ирон у, уый, уæд æй æфсæд- дон дохтьтрæй ракуырдтой, зæгъгæ, мард у, æмæ йæ мах йæ фыды сыджытыл сæмбæлын кæндзыстæм... ...Ногæй та æфсæддон рынчындон. Цыппар мæйы тох кодта мæлæтимæ. Куыдфæстагмæ нард абырста мæлæты. Сдзæбæх... Дохтыртæ йын иу афæдз отпуск лæвæрдтой, фæлæ Гасси- йы фырт барвæндæй пæхи фронтмæ арвитын кодта. Ногæй та хæст, ногæй та æвиросъау тохтæ. Ныр Гассийы фырт уыди 318 фистæг дивизийы 1339 полчы къамиссар. 1943 азы апрелы мæйæ суангдæр сентябры мæймæ полк лæууыд хъахъхъæдады Новороссийокмæ бацæуæнты. Уыцы бш- ты Гассийы фырт стыр арæхстдзинад равдыста полчы дæлхан æфсæддон хæйтты ’хсæн массон-политикон куыст райтынг кæ-. ныкы хъуыддаджы. Викггор уыд отолчы уд æмæ дзæцц. Канд ахуыр-хъомыладон хъуыддаджы нæ, фæлæ йæхæдæг йæхц хъæбатырдзинады цæвиттонæй разæнгард кодта хæстонты уæ- лахизы тохтæм. 1943 азы майы кæрон полчы разведкæгæнджыты иу ха- йæн бахæс æрцыд фронты сæрты ахизын æмæ æвзаг æрбакæ- нын, фæлæ нæ разведкæгæнджыты къухты ницы бафтыд. Цал- дæр хатты сфæлхатт кодтой уыцы хъуыддаг, фæлæ та-иу фæс- тæмæ афтидæй æрбаздæхтысты. Уæд Гассийы фырт йæхæдæг ацыд разведкæгæнджытимæ. Æхсæвы тары бабырстой знаджы блиндажмæ. Цалдæр минуты гранаттæ æмæ джебогътæй тохы скуынæг кодтой знæгты, æрцахстой æвзаг æмæ йæ æрбакодтой не ’фсæддон хаймæ. Къухты бафтьтд ахсджиаг зонæнтæ. Уыцы сгуыхтдзинады тыххæй Гассийы фырты схорзæхджын кодтой «Сырх Стъалыйы» орденæй. Викторы кæддæриддæр фендæуыдаид фронты раззагдæр позициты. Куы-иу иу батальоны февзæрд, куы иннæйы. Бирæ хæттыты-иу фронты раззаг хаххыл уæвгæйæ, йæхæдæг хайад иста фыдызнæгты размæбырстыты фæстæмæ аппарыны тохты... ...Знæгтæ æрфидар сты Новороссийскы горæты. Горæтмæ сур зæххыл бабырсæн ницы амалæй уыд. Не ’фсады командæ- кашынад сфæнд кодта денджызы ’рдькгæй ныббырсын. Уыцы зын æмæ хъæбатыр бабырст, денджызон æфсæддон хæйттимæ иумæ хæсгонд æрцыд 1339 полкæн. 1943 азы сентябры 1339 полк ист æрцыд Новоросоийскмæ хæстон хъахъхъæдадæй æмæ æвæстиатæй æрвыст æрцыд Гелен- дж,икмæ хæстæг Цъæх бухтайы сæрмæ. Уым полчы хæстонтæ сæхи /цæттæ кæнын байдыдтой Новороссийскмæ денджызыл ба- бырсынмæ... •••9 сентябрь. Æхсæвы тар къахта цæстытæ. 1339 полчы хæстонтæ сбадтысты катертæ æмæ мотоботтыл. Фыццаг арф 163
ацыцысты денджызы, стæй фæзылдысты Новороссийскмаг. Тар а?хсæв йæ сау хъæц.цулы бын æрæмбæрзта денджызы улæитыл жгъуыстаджы хæстонты. Боны ’рдæм æртæ сахаты. Горæт хæс* тæгæй-хæстæгдæр кæны. Чысыл-ма æмæ æрбаирвæздзысты до- ны былмæ. Фæлæ сæ знаджы хахъхъæнджытæ бафиппайдтой. Ныр- рухс кодтой прожектортæ, иыннæрыдысты сармадзантæ был- гæронæй æмæ денджыз зындон фестад. Полк знаджы нæмгуыты ихуарды бын афсæрста горæтмæ. Мæнæ фыццаг катертæ æрбаввахс сты донбылмæ. Раст, цыма, денджызы стыр улæн мæстыйæ йæхи æнусон айнæг дуртыл ныццавта æмæ сæ лыстæг згъæлæн ныккодта, афтæ 1339 полк йæхи ныццавта знæгтыл. Байстой горæты донбылгарæттæ æмæ афсæрстой горæты ’рдæм. Уыцы тохы фæмард полчы командир, Советон Цæдисы Хъæбатыр дæлбулкъон С. К^данчик. Полкыл командæкæнынад йæхимæ айста Гассийы фырт. Махонтæ боныцъæхтæм бацахс- той горæты цалдæр уынджы. Знаг æнцонæй нæ лæвæрдта иæ фидæрттæ. Атакæ атакæйы фæдыл цыд, фæлæ нæ хæстонтæ знаджы зæрдæйы уидæгтæ иугай карстой- Фашисттæй ма удæ- гас чи баззад, уыдонæй иутæ уацары бахауцтой- иннæтæн та тыххæйты аирвæзын бантыст. 16 сентябры Новороссийск ссæрибар. Новороссийск ссæри- бар кæныныл тохты Гасситьт Викторæн лæвæрд æрцыд «Сырх Тырысайы» орден. Уый фæстæ полкæн хæсгонд æрцыд Волчы Ворота бацах- сын. 17-æм сентябры æхсæвы Гассийы фырт йæ полкимæ ныб- бырста поселок Гайдукмæ. Бон фæуынмæ хъавыд, афтæ ба- цахста поселок, боыы 11 сахатмæ Волчы Ворота, æхсæвы — станцæ Раевская æмæ тох самадта горæт Анапайы сæрыл. Фыдыбæстæйон хæсты уыцы тохтæн уыд ахсджиаг ныса- ниуæг. Уæлдайдæр та уыцы тохты æвæджиау хъæбатырдзинад равдыста 1339 полчы командир Гасситы Виктор йæхæдæг. Уый арæхстджын къухдариуæг лæвæрдта полчы æппæт хæстон ар- хайдтытæн æмæ уыд цæвиттойнаг йæ полчы хæстонтæй алкæ- мæн дæр. Уый тыххæй йын стыр аргъ скодта нæ командæ кæ- иынад. 1943 азы октябры мæйы Виктор кæм службæ кодта, уыцы этолк йæхи цæттæ кæнын райдыдта Хъырымы æрдæгсакъадах- мæ денджызыл бабырсынмæ. Гассийы фырт разамынд лæвæрд- та уыцы стыр хæстон операцитæм банæттæ кæныны хъуыдда- гæн, йæхи равдыста арæхстджын кухдариуæггæнæгæй, уый тыххæй 1943 азы 6 октябры 18 армийы æфсады командæгæнæг Лесенидзе, 18 армичы æАсæддон Советы уæнг Колонин æмæ (8 армийы >политикон хайады хистæо Брежнев Л И. фыстой Цæгат Кавказы фронты Æфсæддон Советмæ: «... Æмбал Гасси- йьт (Ьырт Сырх Æфсады йæ службæйы рæстæджы пар.тион-по- литикон æмæ организацион куысты райста стыр фæлтæрддзи* 164
над, уæлдайдæр та хæстон уавæрты. Куыд арæхстджын политл- кон кусæг æмæ кадрон командир, афтæ йæ бон у партион ор- ганизацитæн æмæ партион политикон аппаратæн раст къухда- риуæг кæнын... æгъатыр у тæппудтæ æмæ паникерты ныхмæч Цалдæр хатты хайад иста немыцаг тыхæйисджыты пыхмæ- тохты æмæ йæхæдæг йæхи хъæбатырдзинад æмæ уæндондзина- ды цæвиттонæй разæнгард кодта салдæтты æмæ афицерты сконды хæстон сгуыхтдзинæдтæм...» 1967 азы Мæскуыйы «Советои Цæдисы хъахъхъæдадьт министрады æфсæддон рауагъдады» мыхуыры рацыд Советон Цæдисы Хъахъхъæдады министр, Советон Цæдисы маршал А. А. Гречкойы чиныг «Кавказы сæрыл тох», зæгъгæ. Уыцы ч>и- ныджы А. А. Гречко Новороесийскы сæрыл тохты Викторы тых- хæй фыссы: «Электростанцы райоиы героикон æгъдауæй тох кодтой 1339 æхсæг полчы æфсæдтæ. Батальонтæй сæ иуы ко- мандир фæмард. Уæд батальоны сæргъ лæууыд полчы коман- днры хæдивæг майор Гассийыфырт, хæсгонты акодта электро- станц байсыны сæрыл атакæмæ, электростанцы районæй знæг- тæ æхстой горæты æртыккаг хай. Ныхмæлæууазг тынг сфидар кодта электростанцы агъуыст. Æрдæгныккæнд хатæнтæй са- рæзта доттæ, уырдыгæй гитлеронтæ æхстой пулеметтæ æмæ сармадзантæй...» Гасситы Викторы полк цы дивпзийы сконды уыд, уыцы ди- визийы командир, оставкæйы гвардийы булкъон Вруцкий В. А. 1968 азы 26 июлы газет «Рæстдзинады» фæрстыл йæ мысинæг- ты фыста, зæгьгæ, «Ново’российокыл тох тынг ахацгæ у Фыды- бæстæйон Стыр хæсты. 1942 азы сентябры нын знаг баиахста йæ фылдæр хай æмæ дзы æрфидар. Фашисттæ бырстой дард- дæр Сау денджызы былгæрæттыл. Сæ зæрды уыдис Туапсе æмæ Сочи бацахсын, стæй та Сухумыл Фæскавказмæ балæбурын. Къорд хатты не ’фсæдтæ бабырстой Новороссийскмæ, зна- гæй йæ суæгъд кæныныл архайдтам, фæлæ-иу нæ бон ие ссиг æгæр тынг дзы æрфидар сты немыц. Уæд сфæнд кодтам зна- джы былæй, денджызæй æмæ уæлдæфæй уыцы иу рæстæг ныц- цæвын. Æмæ пæ хъуыддаг ’фæрæстмæ. Уæлдæр Сæйрагкомац- дæгæнæг И. В. Сталин 1943 азы 16-æм сентябры цы бардзыря радта, уым загъд уыдис: «...Цæгат Кавказы фроиты æфсæдта\ Сау денджызы флоты наутæ æмæ æфс«æддон хæйттимæ иумæ архайгæйæ, денджызæй æмæ былæй бабырстой Новоросснйск- м®, фондз боны дæргъы карв хæстыты пыддæрæн кодтой зна- ЛЖы фопдз дивизийы æмæ æхсæрдæсæм сентябры суæгъд код- той Сау денджызы ахсжнаг порт æмæ горæт Новороссийск». ^ Йаз бардзырды И. В. Сталин арфæ кодта, уæлдай хъæбаты- рæй чи хæцыд, уыцы æфсæддои хæйттæн. Уыднс дзы мæ диви- зийы кой дæр. Мах дивизи æппæты зындæр ран бырста Новороссийскма\ знаджы сæйрагдæр тыхтæ уый басаста. Уыцы фондз бопы хæс- тытьт не ’фсæддонтæ цы хъæбатырдзинад р-авдыстой, уыи тых- 165
хæй нæ дивизийы 28 адæймагæн лæвæрд æрцыд Советон Цæ~ дисы хъæбатыры нæмттæ. Уыдонæй иуæндæс уыдысты, Гасситы Виктор разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы полчы хæстонтæ. Ныртæикæ Виктор «цæры Хуссар Ирыстоны, уыд чингуыты рауагъ* дады хицау. Йемæ чи куьгста, уыдон, æвæццæгæн, нæ зонынц, Гассийы фырт ды хъæбатырдзинад равдыста, уый. Не ’фсæд- тæ Новороссийскмæ куы бабырстой, уæд Виктор дыууæ салда- гимæ, нæмгуытæ ихуарæгау кодтой. афтæмæй электростанцæ- йы сæрыл ныссагъта сырх тырыса. Уый уыдис фьтццаг уæлахи- зьт тырьтса æппæт Кавказы». Гъе, уьгцы арæхстдзинæдты тыххæй Гасситы Викторы уæл- дæр командæкæнынад снысан кодта фистæг æфсады 20-æм де- сантон корпусы командиры хæдивæгæй. 1944 азы майы мæйы 20 корпус æрвыст æрцыд Белоруссийы фронтмæ. Виктор.ы акодтой уьшьт корпусы 48 гвардион дивизи- мæ, уыцы дивизийы уæвгæйæ, хайад иста немыцаг-фашистон æфсæдты Бобруискы, цæугæдæттæ Птыч æмæ Саарайы район- ты фашистон æфсæдты ныддæрæн кæныны æмæ легендарон фидар Бресты сисьшыл тохты. 1944 азы августы мæйы, 20 корпусы саперон æхсæг бата- льоны уæв^æйæ, Виктор хайад иста немыцаг æфсады танкæйон стыр размæбырст бауромын æмæ ныддæрæн кæньтны тохты Прагæ — Варшавæйæн цæгат ныгуылæны фарсы ’рдыгæй. Уы- цы тохты хъæбатырдзинад кæи равдыста; уый тыххæй хорзæх- джын æрцыд «Фыдыбæстæйон хæсты,» 1-аг къæпхæны орденæй. Уыцы аз сентябры мæйы 28 армийы СтавКæ арвьтста Скæ сæп Пруссимæ. Уым хайад иста Гумбинен, Грострекен æмæ Кенигсберджы сисыны тохты. Ногæй та йыи лæвæрд æрцыд «Фыдыбæстæйон хæстьт» 1-аг къæпхæны орден 1945 азьт марты мæйы 20 кор.пус æрбаконд æрцьтд 1-аг ук- раинаг фронтмæ. Уыцы аз апрелы мæйы 20 æхсæг корпус 3-аг танкæйон армиимæ иумæ атыдта знаджы хъахъхъæдад, ахызт Тельтов каналы сæрты æмæ тох самадта Берлинмæ скæсæны ’рдыгæй бацæуæнты. Цалынмæ Берлин бынтондæр ист но 'р|'цыд, уæдмæ Виктор сæрмагандæй хайад иста горæты уынгты æвирхъау тохты. Берлин сисыны сæрыл тохтьт кæй басгуыхт, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд «Сырх Тырысайы» орденæй. Советон æфсæдтæ Берлины куьт систой, уьтй фæстæ Виктор цы корпусы службæ кодта, уый акодтой Чехосювакимæ, цæ- мæй æрхъула æмæ скуынæг кодтаиккой немыцаг стфсæдты стьтр баиугæндты. 5 майы не ’фсæдтæ размæбырсты ацыдысты Чехословаки- йы з’æххыл. Виктор нысан æрцыд советон æфсæдты банугонд къорды хистæры хæдивæгæй æмæ æнауæрдонæй дæрæн коа- той фашистон æфсады фæстаг баззайæццæгты. Карз æмæ æвир- 1 хъау уыдысты уыцы тохтæ. Фашистон сырдæн æрхæццæ йæ адзалы бон, фæлæ уæддæр сæхи афтæ æнцонæй нæ лæвæрдтой. 11 майьт боны 2 сахатыл горæт Мельникæн цæгаты ’рдыгæй 166
фа-рс фæаис ирон адæмы хъъæбатьгр фырттæй еæ иу — Гасситы Викторы тохы стыр фæндаг. Зын æмæ æвирхъау уыд уыцы то- хы фæндаг. Фæлæ йыл Гассийы фырт кæронмæ намысджынæй фæцыд Мæздæгæй Берлинмæ æмæ йæ фыды уæзæгмæ æрхаста фарн æмæ уæлахиз, нæ фидæны фæлтæры бахызта фыдрынæй. Советон æфсады гвардийы булкъон Гасситы Виктор Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йæ хъæбатырдзинады тыххæц æртæ хаг- ты хорзæхджын æрцыд «Сырх Тырысайы» орденæй, дыууæ хатты «Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны,» орденæй, дыу- уæ хатты «Сырх Стъалыйы» орденæй æмæ фараст майданæй. ...Раджы фæцис хæст. Раджы бамыр сты сармадзаны гæ- рæхтæ, раджы батадис арвыл топпыхосы фæздæг. Ирон адæмьт хъæбатыр фырт Гасситы Виктор æрыздæхтис йæ фыды уæзæг- мæ. Къулыл æрцауыгъта йæ хæстон хотыхтæ æмæ æрлæууыд сабыр царды намысджын æмæ арфæйаг фæндагыл. Фараст азы Виктор фæкуыста Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдады директорæй. Фараст азы дæргъы æнувыдæй ар- хайдта ирон чиныг, ирон мьтхуыры хæрзгъæд æмæ рæсугъддзи- надыл. ’ Куыд Стыр Фыдыбæстæйон хæстьт, афтæ сабырадон царды дæр Виктор йе стыр лæггæдтæ бакодта йæ иубæстон адæмæн. Гъе, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодта пæ сæрдарад «Куые- ты хъæбатырдзннады тыххæй» майданæй дæр. Æхсæрдæс паддзахадои хорзæхы цæхæртæ калынц Викто- ры хъæбатыр риуæй. Уыцы хорзæхтæй кæцыфæнды дæр дзуры сæ хицауы лæджыхъæддзинадыл. Гасситы Виктор ныртæккæ ацыд пенсийы. Фæлæ йæ цæхæр зæрдæ уæддæр иуран бадын иæ комы. Стыр æмæ хъæздыг у Викторы царды фæндаг, æвæджиау куысты æмæ тохты фæл- тæрддзинад æм ис. Виктор ныффыста Хуссар Ирыстоны фæси- вæды цæдис «Спартак»-ы тыххæй чиныг «Уыцы бонты», зæгъ- гæ. Ныртæккæ та кусы хæсты бонты йæ тохы мысинæгты чи- ныгыл. Активон хайад исы партион æмæ æхсæнадон царды. Гъе, ахæм у Викторы царды чиныджы мидис хæрз цыбыр- тæй. Уый æнæхъæн чиныджы аккаг у æмæ сомбон, чи зоны, ясчи ныффысса уыцы чиныг. Уымæи æмæ ахæм чиныг стыр æх- -^уыс фæуид абоны æвзонг фæсивæды хъæбатырдзичад æмæ лæгдзинадыл хъомыл кæныны хъуыддагæн.
Хъуылаты Черм<}н ЦАРДВÆНДАГ - ХÆСТЫ ЦÆХÆРУ Цыппæрдигъои тыхт гæххæтты сыф. Рæстæг ыл йæ фæд- тæ ныууагъта: ранæй-рæтты йæ кæрæттæ аихсыдысты, фæсæг- гъуыз, фæбури. Райхæлдтам æй æмæ кæсæм, дыууæ æмæ ссæдз азы кæуыл рацыд, уыцы фыст: «Фыдыбæстæйы Стьтр хæсты ветеран гвардийы дæлбул- къон Гассийы фыртмæ. Зыиаргь æмбал, гвардийы дæлбулкъои Гасситы Ф. КЛ /Ертæ азы размæ немыцаг фашистон æодонгтæ мæнгардæ^ æрбабырстои на» цытджын социалистон Райгуырæн бæстæ- мæ. Нæ фыдыбæстæ бахауд тæссаг уавæры. Æмæ.уыцы уæз- зау рæстæг ды, куыд советон адæмы музæрдион хъæбул æмæ Райгуырæн бæстæйы патриот, æдгæрзтæ фидар æрлæууыдгæ фыдызнаджы ныхмæ. Немыцаг тыхгæнджыты ныхмæ хæсты Сырх Æфсады къухы цы стыр сгуыхтдзииæдтæ бафтыд, уыдон иу хай уыдис дæ фæрцы дæр. Хæсты фыццаг бонтæй фæстæ- мæ фронты дæ æмæ хъæбатырæй хæцыс æнæуынон знаджы» ныхмæ. Бирæ фыдæбæттæ баййæфтай уыцы æртæ азы дæргъы; нæ-иу дын уыд æхсæв æрхуыссьшы фадат, ихæнриз кодтай зымæгои хъызт рæстæг, хуылыдз кодтай фæззыгон уазал къæвдатæм, хуыл^г кодтай змаджы сармадзанты нæмгуыты æмæ бомбæчы фæздæгæй. Уæддæр мæлæтæй нæ тарстæ, цыд- тæ размæ, «тиувыдæй æххæст кодтай дæ командирты бар- 108
дзырдтæ, кæддæриддæр иузæрдион уыдтæ де ’фсæддон ардба- хæрдыл. Райгуырæн бæстæ сæрыстыр у дæ хуызæн хъазбатыртæп. нæ дын ферох кæндзæн де сгуыхтдзииæдтæ. Дард нал у нæ уæлахизы бон! Ныфс нæ ис, ног, фæстаг хæстыты дæр дæхи кæй равдис- дзынæ, раздæрау, цæхæрцæст,* хъæбатыр хæстоиæй, размæ ныфсджынæй кæй ахæсдзынæ Советты бæста>йы Уæлахизы тырыса. Зæрдæбынæй дьш арфæ кæнæм, æмб. Гассийы фырт, да бирæазон æмæ фæзминаг службæйы тыххæй. Фæнды нæ, цæ- мæй дын уа .ног сгуыхтдзинæдтæ нырæй фæстæмæйы хæстыты, Нæхирдыгонау, салдаттагау дын исæм дæ домбай • къу\, Мæлæт пемыцаг лæбурджытæн!» Писмо фидаргонд у æфоæддон тымбыл мыхуырæй æкш йыл сæ къухтæ бафыстой корпусы командир, гвардийы инæ- лар-л?йтенант Крюков, штабы хицау, гвардийы инæлар-майор Мамсуров ^æмæ политуправленийы сæргълæууæг, гвардийы булкъон Дробиленко. Чи у уæдæ, йæ рæстæджы корпусы кома.ндакæпынад ахæм стыр ’кад кæмæн кодта, уыцы Гассийы фырт? Уыцы лæг у, æрвылбон дæр кæуыл æмбæлæм, салам кæ мæн дæттæм, уыдонæй иу. О, семæ æмбæлæм, салам сын рад- тæм æмæ, чи зоны, фæраст вæййæм сæ фæрсты. Фæлæ сын сæ ивгъуыд царды фæндæгтæ биноныг куы зониккам, уæд ныч ахæмтæ стыр кады, стыр намысы аккаг сгы, уæд-иу сын, фем- бæлгæйæ, акувик»кам нæ сæртæй æмæ-иу зæгъиккам* — Стыр бузныг, иæртон хъæбатыр, фыдызнагæй нын ш> сафибар цард кæй бахъахъхъæдтай, уый тыххæй! Сыгъзæрни талатæ суадзæнт, хæсты быдырты цы туджьт æртæхтæ нык* калдтай, уыдон! Гасситы Федыр та хæсты быдыры йæ тугæй иугай æртæх- таэ, мыййаг, нæ .ныууагъта, фæлæ æиæхъæн лæсæнтæ. Уыцы лæг Райгуырæн бæстæйæн снывонд кодта, адæйма- джы царды æппæты зынаргъдæр цы ис, уый, — йæ уæнгтм хъару. Уыцы лæгæн, куыд фæзæгъынц, йæ буары удæгас бынаг æппындæр нал ис — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдырты фæ- цис цыппæрдæс цæфы... Уыцы лæгæн знаджы нæмыг йæ сæри стæгæй цы схъис фæхаста, уый бынаты æвæрд ис æрхуыГш газппæл, йæ нервтæ хъьггдард æрцыдысты æмæ ныр йæ рахич цæстæй бынтондæр нал уыны. Уыцы лæгыл -ныр цæуы 55-æм аз æмæ уыдонæй 28 азы радта Советон Æфсады службæйæн. Уыцы лæг ныр æртæ æмæ ссæдзæм азы дары, 1942 азы 10 октябры уацары кæй райста, немыцаг уыцы инæлары сахат \т
(нæхш командæкæнынад ын æй балæвар кодта зæрдыл дары- нæн). Уыцы лæг у «Сырк Тырысайы» ордены æххæст кавалер. йæ сабийы бонтæ тьшг зын уавæрты арвыста Гассийы фырт. Райгуырдис 1910 азы, Бузалайы хъæуы. Цъаммар мень- шевиктæ Хуссар Ирыртоны хъæуты арты хай куы кодтой, уæд, •лидзæг адæмимæ, Гасситы бинонтæ дæр сæхи айстой Цæгат Ирыстонмæ æмæ баззадысты уым. Баззадысты, фæлæ дзы хæ- дзары хицæуттæн бирæ ацæрьш нал бантыст... Чысыл сидзæр лæппу бахаудис сывæллæтты хæдзарм,æ æмæ дзы фæцис æр- таз азы. Стæй йын, ныр дæхи дарынхъом фæдæ, зæгъгæ, загътой. йæ къухтæм райста уæззау джиркъа, бел æпæ кар- джын адæмы æмрæнхъ æрлæууыдис Реданты донуадзæн къа- науы. Бои кусгæ кодта, изæрæй — ахуыр. Уый арæзт куы фæ- щис, уæд кусынмæ бацыд «Кавцинчы» химийы цехмæ. Уым дæр та бон — кусгæ, изæрæй — ахуыр. Афтæмæй бахæццæ 10-æм къласы онг. Æмæ йæ уырдыгæй 1931 азы акодтой æф- сæддон службæмæ. 1934 азмæ каст фæцис Краснодары æф- сæддон ахуыргæиæндон æмæ осис взводы командир. Службæ кодта фыццаг хъазахъхъаг бæхджьш дивизийы фыццаг пол- чы. 1936 азы æфсады æвзыгъддæр командиртæй бирæтимæ балæууыди Испанийы мидхæсты. Гассийы фырт уым, Интер- националои брпгадæйы партшзанты иу къордæн разамынд кæнгæйæ, иу æмæ дыууæ ахъаззаг цæфы нæ ныккодта Фран- койы æрдонгтæн. Уым базоигæ уæды булкъон, ныртæккæйы ишрлар-булкъон, Советон Цæдисы хъæбатыр Мамсыраты Ха- джумаримæ дæр. Уыцы хæсты стыр хъæбатырдзинад кæй рав- дыста, уый тыххæй не ’мзæххонæн лæвæрд æрцыдис «Сырх Ты- рысайы» орден. Гаоситы Федыр йæ дыккаг хæрзиуæг — майдан «Хъæба- тырдзинады тыххæй» райста Финляндийы хæсты. Фыццаг хатт дæф дæр уым фæцис. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг бонтæй фсрстæмæ Федыр — фрснты. Раздæр полчы штабы хицауы хæдивæгæн, уый фæстæ та — штабы. Штабы хицау уæвгæйæ, уый хъæба- тырæй хæцыд Киев, Харьков æмæ Белая Церковы цур карз хæстыты. Сумскы областы фæцæф йæ къах æмæ иæ арвыстой Воронежы госпиталмæ. Куы сдзæбæх, уæд бахаудта Батайск- ма>. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты номдзыд инæлар Доватор уым æмбырд кодта бæхджьш æфсады ног корпус. Иу полк .æрæмбырд кæныны бар лæвæрд æрцыдис майор Гассийы фыр- тæн дæр. Мæскуыйы цур карз хæстыты уыцы полкæн лæвæрд æрцыд гвардионы ном æмæ йын Гассийы фыръ чысыл цухæй, командæ кодта суанг хæсты фæудмæ. Бæхджын гвардионтæ щ æмæ дыууæ уæндон -ныббырсты нæ сарæзтой знаджы фæс- •чъылдыммæ, дæрæн ын кодтой йæ техникæ, йæ удæгас тыхтæ, хайлдтой йын йæ бастдзинад. 370
...Чысыл Семеновка, зæгъгæ, Белоруссийы иу горæтмæ ба- цæуæны бæхджын æфсады дивизи бардзырд райста з>наджы фæсчъылдыммæ ныббырсыны тыххæй. Дивизийæ дыууæ пол- чы иу бон изæрмæ сарæзтой цалдæр атакæйы. Фæлæ знаджы хъахъхъæнынадон фидæрттæ батонын оæ къухы нæ бафтыд. Стыр зиæнттимæ-иу фæстæмæ алæууыдысты. Хæстон хæслæ- вæрдæн та уыдис стыр стратегион ахадындзинад. Гассийы фырты полкæн уыцы бон уыдис улæфты бар. Фæлæ не ’мбæс- таг йæ хæстонтыл йæ зæрдæ дардта. Уæлдайдæр -сæм æхсæ- выгон ныббырстыты уыдис стыр фæлтæрддзинад. Æмаз изæр- милты й,æ бæхæй æрхызтис дивизийы штабы раз. Дивизийы командир инæлар Понкратовы баййæфта тынг тыхстхуызæй. — Æмбал инæлар, бар мын радт знаджы фæсчъылдыммæ ныббырсынæн! — Нал бырсæм, майор, цалынм-æ нæ артиллери уыцы фи- дæрттæм дзæбæх «базила», уæдмæ. Æ-нæуи дæр бирæ туг нык- калди абондæргъы, — цæхгæр алыг кодта инæлар. — Курæг дæ дæн, æмæ мыл дæ эæрдæ куыд дарай, æмбал ннæлар. Æз ныхæй-ныхмæ атакæйы бацæуынмæ нæ хъавын, мæ разведкæгæ-нджытæ ссардтой æндæр фæндæгтæ... — Æадæр фæндæгтæ зæгъьгс? Æмæ дæ адæм зноны карз хæсты фæстæ сæ фæллад суагътой? Дыууæ суткæйы сыи куы ’мбæлы баулæфын... — Æгъгъæд сын у. — Гъемæ, бавзар. Мæ зæрдæ ма æрмæстдæр дæуыл дар- дзьшæн... Фенæм, кæддæра «кавказаг хиндзинад» йæхи куыд равдисид, — йæ цæсгом фæрухс кодта инæлар. Фæсæмбисæхсæв фронты уыцы хайы топпы гæрæхтæ са- рæх сты. Æрмæст хъуыстысты раззаг хаххæй нæ, фæлæ зна- джы фæсчъылдымæй. Гассийы фырты хæстонтæ æнæнхъæлæ- джы сæ фæсчъылдым куы февзæрдысты, уæд хуыссæгхъæл- дзæг «емыцæгтæ схъомпал сты, кæцырдæм лыгъдаиккой, уыи нал зыдтой, стæй дзы удæгасæй уацайрæгты йедтæмæ ничи- уал аирвæзт... Полчы «хинæйдзаг» командиры риуæй сæрг- тывта Александр Невскийы орден. ...Дивизи карз хæстыты бацыд горæт Мозырь знагæй фсæс- тæмæ байсыныл. Æмæ та ам дæр, питлеронтимæ ныхæй-ных- ма^ хæцгæйæ, махонты къухы æнтыстдзинад не ’фтыд. Æмæ та Гассийы фырты бахъуыдис «хи сбæрæггонд фæндæгтыл» æхсæвыгон бабырсыны тыххæй дивизийы командирæй бар ра- курын. Æнафоны та сахъ барджытæ февзæрдысты горæты æмæ дзы бацайдагъ лæгæй-лæгмæ хæст. Знаджы рæнхъыты сæвзæрдис тыхджын паникæ. Полчъы хæстонтæ горæт сæкъух- тæй нал суагътой, цалынмæ -нæхионты сæйраг тыхтæ æрба- хæццæ сты, уæдмæ. Не *мбæстаджы риуæй сæрттывта паддза- хадон стырдæр хæрзиуæг — Ленины орден! • •Советон Æфсад дарддæр æнтыстджынæй кодта йæ раз- 171
мæбырст. Дивизи бахызт Польшæйы Æрæныл æмæ бацахста горæт Луковкæ. Горæты уынгты кардæлвæстæй фыццаг сми- дæг сты æмæ знаджы сæйраг ахстæттæ скуынæг кодтой Гас- сийы-фырты барджытæ. ...Вислæйы фаллаг фарс полк фæсæмбисæхсæв сусæгæй бахъуызыд, немыцæгтæн йæхи чи ауæй кодта, румынаг ахæм дивизимæ æмæ йын байста йе ’ппæт бæхтæ æмæ сармадзантæ. Адæмæй дæр æхсæвьт тары йæхи бааууон кæнын бирæты къу- хы нал бафтыд... ...Ковелмæ хæстæг Гассийы фыртæн хæс уыдис «хъæддаг операци» (йæхæдæг æй афтæ хоны). Уымæй дæр — ацы хатт фистæгæй. Цæвиттон, хъæды фæзындысты Бандерæйы бандæ- тæ æмæ стыгътой знагæй ссæрибаруæвæг советон адæмы, зи- æнттæ нын хастой не ’фсадæн. Федыр, хæххоилæг, хорз зокы хъæды миниуджытæ. Полчы хæстонты равæрдта уæлвонг рæтты, сæхимæ алцы дæр куыд зындаид, уынгæ та сæ куыд ничи кодтаид, афтæ. Уыдцс сыл маскировкæгæнæн сæрмагонд уæлæдарæс. Командиры бардзырдмæ гæсгæ ныхас кæнын, ба- фынæй уæвыны æмæ тамако дымыны бар «никæмæн уыдис. Фæхъахъхъа^дтой бон-изæрмæ — ничи фæзынд. Ничи фæзынд æхсæв-бонмæ дæр. Фæлæ дыккаг райсом бандиттæ къордтæ- къордтæй æмбырд кæнын байдыдтой, дæлæуæз хъæды астæу цы лæнк уыдис, уырдæм. Бабирæ сты. Райсомы 10 сахатыл сæ алыварс сæвæрдтой хъахъхъæнджытæ æмæ сæм райдыдта цавæрдæр æмбырд. Фæлæ сын ацы хатт сæ дарддæры сырдон митыл æрныхас кæныны фадат нал фаицис. Æртæ боны дæргъы дæр йæ даэндæгты къæс-къæс кæмæн цыд, уыцы хæстонтæн Гаосийы фырт радта «архайыны» бар... Пулеметтæ æмæ авто- матты къæркъæр.». Гранатты срæмыгъдтытæ... Бандиттæ ма сæхи алырдæм бæргæ æппарынц, фæлæ сыл иуырдыгæй дæр хуыздæр бон иал ис: къæппæджы бахаудтой... Æртæ сахаты бæрц ахаста хæст æмæ бендеровонтæй фæмард 700 лæгæй фылдæр, махонтæй та—иу дæр нæ!.. — Хæсты райдайæнæй мæм йæ кæронмæ иунæг уайдзæф йедтæмæ никуы æрхауд, — æрæмысы Федыр. Уый та уыдис афтæ. Цæвиттон, горæт Ковелы цур хæсты- ты корпусы командæкæнынад бардзырд радта æнæмæнг ^сæвзаг» райсын. Бардзырд сæххæст кæнынмæ иу иннæйы фæ- дыл арвыстой разведкæгæнджыты цалдæр къорды. Фæлæ та- иу кæнæ сæхæдæг дæр нал æрбаздæхтысты, кæнæ та — афтад- армæй. Æппынфæстаг, хъуыддаг йæхимæ райста 15-æм гвар- дион бæхджын полчъы командир Гассийы фырт. йемæ акодта, йæ зæрдæ хуыздæр кæуыл дардта, уыцы хæстонтæй аст. Хæс- тон хæслæвæрд .иттæг хорз æххæстгонд æрцыд: разведкæгæк- джытæ фæстæмæ сæмбæлдысты сæрæгасæй, семæ æрбакодтой иу нæ, фæлæ цыппар «æвзаджы». Уый тыххæй иннæ аст раз- ведкæгæнæгæн лæвæрд æрцыд Ленины ордентæ, Гассийы фыр- 172
1ыл та фронты командæгæнæг Советон Цæдисы маршал Рокос- совский ныххуырста «æфхæрд» ацы хатт, дам, зондзæн, полчы командиртæ нæм уæлдайаг кæй (не сты æмæ нын комкоммæ мæлæты дзæмбытæм æрвитынмæ кæй *не ’нтысынц, уый... Фашистон лæгсырдты сæйраг лæгæт Берлинмæ бацæуæн- ты, Эльбæйы доны былгæрон ахицæн не ’мзæххон Гасситы Къостайы фырт Федыры хæстон сгуыхтдзинæдты фæндаг. О, æрмæстдæр сгуыхтдзинæдты!.. Уымæн æвдисæн сты Ленины орден, Сырх Тырысайы цыппар ордены, Александр Невскийы орден, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг къæпхæны дыуул ордены, æмæ дыккаг къæпхæны орден, Сырх сталыйы æртæ ор- дены, цыппар майданы, Советон Гæрзифтонг Тыхты Сæйраг- командæгæнæджы уæлдæр арфæйы!.. Иудзырдæй, тохмæ фæцыдис зæхкусæджы фырт, бузала- йаг æвзыгъд хæстон æмæ дзы уæлахизæй æрбаздæхт, кад я*мæ ном скодта йæ ныййарæг ирон адæмæн.
Харебаты М., Тасойты И. УÆЛÆУЫЛ БАЗЗАДИС СÆ НОМ 1941 аз. Хосгæрдæн мæй. Рустауаг куыстуарзаг колхозоп- тæ стырæй-чысылæй Еграйы æфцджытыл æхсæнадон фосæн цæттæ кодтой холлæгтæ. Мах ма уæд скъоладзаутæ уыдыс- тæм, фæлæ ахæм дуг уыд, æмæ хъæуы цæрджытæ иууылдæр слæууыдысты райгуырæн бæстæйы сæраппонд хъазуатон куы- стыл. Сихоры улæфты рæстæджы нæм æрбацыд постхæссæг æмæ нæм радта сырхæфсæддоны фыстæг: «Мæнæ, бакæсут фронтовикы фыстæг». Уый уыд нæ хъæумæ хæсты быдырæп фыццаг фыстæг. Колхозоктæ æрбамбьгрд сты иу фæз бынаты. Райстам фыстæг æмæ кæсæм ротæйы политрук, нæ хъæуккаг лæппу, коммунист Плиты Алексийы фыстæг. Плийы фырт Хуссар Ирьг стоны паддзахадон лединститут каст фæуыны фæстæ, цалцæр азы бакуыста Знауыры астæуккаг скъолайы директорæй, стæй ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уый йæ фыстæджы фыста: «Мæ уарзон хъæубæстæ! Мæ зынаргъ адæм! Фыдгул знаг æр- бабырста нæ бæстæм. Пырх нын кæны нæ горæттæ, нæ хъæу- тæ. Тыхгæнджытæн сæ фæнд у нæ адæмы сцагъар кæнын, нæ рæсугъд горæттæ нын æртхутæг фестын кæнын. Нæ ауæрдынц æргæвдыныл лæгмартæ, сывæллон уа, сылгоймаг, гъе, зæронд лæг. Фæлæ мах, Сырх Æфсады хæстонтæ, дзырд дæттæм не схъомылгæиæг адæм æмæ Коммунистон партийы раз: Нæ уы- дзæн уый. Æрцæудзæн знаг дæрæн. Сымах та, ме ’мбæстон адæм, кусут дывæр хъаруйæ. Уæ хъазуатон куыст, уæ бæркад- джын фæллой ахъаз кæндзæн фыдгул знаджы тагъддæр ныд- дæрæн кæнынæн». Фыстæг каст куы фестæм, уæд размæ ралæууыд нæ цæ- вæджджынтæй иу — Рустауы астæуккаг скъолайы райдиан фæскомцæдисон организацийы секретарь Гасситы Христафор, æмæ райдыдта дзурын: «Нæзынаргъ хистæртæ æмæ æмгæрт- тæ! Амæйразмæ дæр мæ хъуыды зæгъынмæ хъавыдтæн, фæлæ нæ бауæндыдтæн, мыййаг мын мæ зæронд мад æмæ фыдмæ иЫи куы бахуын кæна мæ фæнд... мæныл ма дарынц сæ зæр- 174
ГАССИТЫ ЦЫППАР ÆФСЫМÆРЫ ЕФИМ ГЕОРГИ ДИМИТРИ ХРИСТАФОР
дæ, мæ цыппар æфсымæрæй ницы бæрæг хъуысы. Уæхæдæгæй зонут, æвзæр хабæрттæ хъуысы фронтæй, знаг размæ бырсы, йæ къæхты бын ссæнды нæ горæттæ, нæ хъæутæ. Иæ бон хæ- цæнгарз хæссын кæмæидæриддæр у, уыдонæн сæ бынат цс фронты, зцаджы ныхмæ тохы. Нырма нæм æфсадмæ нæ фа>- сидтысты, фæлæ нæ фæскомцæдисонтæй аст адæймагыл æвд- дæсгай азтæ куы цæуы. Мæ фæнд у, цæмæй бархийæ ацæуæм Сырх Æфсады рæнхъытæм. Æрмæст нæ ныййарджытæн ма схъæр кæнут нæ фæнд. Æфсæддон комиссариат, зæгъ, сæм фæ- сидти». ХристасЬочы фæлдылсразы сты йе’мцахъхъæнлæппутæ- Аф~ тæмæй цалдæр боны фæстæ рустауæгтæ Сырх Æфсадмæ фæн~ дараст кодтой сæ бархионты — æвддæсаздзыд лæппутæ — Гас- ситы Христафор, Тасойты Яков, Коцты Иван, Плиты Мухтар, Коцты Владимир, Коцты Шаликъо, Гатыгкоты Михаил æмæ Тасойты Иваны, Фондз фырты арвыстой Гасситы Падо æмæ Уаленкъа Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ, гитлерон абырджыты ныхмæ тохмæ. Цыппар æфсымæрæн дзы хæсты быдыры цæрынхъуагæй ахуыс- сыд сæ зычг. Цьшпар сахъгуырды сæ туг ныккалдтой райгуы- рæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзииады сæраппонд. Цыппар æфсымæры нал сыздæхтысты сæ райгуырæн хъæу Ру- стаумæ, сæ уарзон Ирыстонмæ- Нал ахъæбыс кодтой сæ <мад æмæ сæ фыдæн. Ефим нал федта, дыууæаздзыдæй цы Хазби æмæ æхсæзмæйдзыдæй цы Хадизæты ныууагъта, уыдоны. Иæ кæстæр æфсымæртæ П^æрги, Димитр æмæ Христафор нал сæмбæлдысты сæ уарзон чызджытыл, нал сын бантыст сæ уар- зон хъæубæстæн нæртон чындзæхсæв скæнын. Дзæгъæлы фæ- цис сæ иунæг хо Кизайы æнхъæлмæкаст. Хæстæй нал æрыз- дæхтысты йæ уарзон æфсымæртæ, нал æрыздæхтис йæ сæры хицау Козаты Серги дæр. Уый уыдис 1908 азы. Гасситы Падо йæхицæн цардæмба- лæн æркодта Плиты Уаленкъайы. Чындзæхсæвы фæндыры зæлтæ айхъуыстысты Гасситы хæдзарæй. Цин кодтой 1 асситæ, цин кодтой æнæхъæн хъæубæстæ. Бирæ арфæйы ныхæстæ за- гътой адæм уыцы бон Падо æмæ Уаленкъайæн. Х^стæрты куы- вдтытæ æрцыяысты ацы амо^дджын бинонтыл. Æмæ <куыннæ. Сæ хистæр зæнæг, сæ чызг Кизайы фæстл- сын райгуырд фоназ лæппуйы — фыры хъулы хуызæттæ. Кагд ацы амондджын би- нонтæ бирæ зындзинæдтæ æййæфтой, кæд лæппутæн нæ фаг кодта уæлæдарæс, æййæфтой хæрд цух, уæддæр Падо æмæ Уа- ленкъа сæ тыхст ницæмæ дардтой, сæ цардæй никуы рахъаст кодтой, сæ зæрдæ рухс кодта сæ сывæллæттæй. Цыдысты бонтæ, ивгъуыдтой азтæ. Хуссар Ирыстоны сфи- дар Советон хицауад. Бахъомыл сты фондз æфсымæры. Сæхи дарынхъом фесты æмæ, Ирыстоны разагътяйы фæсивæдимæ и^мæ, ныллæ\уыдысты ахуыры фæнпагыл. Хистæр æфсымæр рфим астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæдæй суанг фронт- 176 г
мæ ацæуыны онг куыста Зары хъæусоветы секретарæй. Гиуæр- ги каст фæцис Хуссар Ирыстоны педагогон институт æмæ ахуыргæнæгæй куыста фыццаг Рустауы астæуккаг скъолайы, фæстæдæр та Ксуисы дстæуккаг скъолайы.' Чысылæй фæстæмæ бæллыд фыссæг суæвынмæ. Æвзонг ма уыди, хæсты райдианы йыл æчæппæт 26 азы йедтæмæ нæ цыд, фæлæ йын бирæ бан- тыст ныффыссын. Йæ пьесæ «Фæдис» абоны онг дæр у нæ фæ- швæды уарзон уацмыс. Уый йедтæмæ <ма йæ ралзыпдтæ дæр мыхуыр цыдысты журнал «Фидиуæджы» æмæ газет «Коммуни- сты» фæрстыл. Фыстæй ма йын баззад ноджы дыууæ пьесæйы. Чи йæ зоны, цал хорз уацмысы ма сфæлдыстаид, цæрьгнхъуа- гæй йæ зынг куынæ бахуыссыдаид, уæд. Гиуæргийы кæстæр — Самсон кæд ахуырдзинад нæ райс- та, уæддæр коммæгæс æмæ æгъдауджын лæппу рауади. Кол- лозы куысты — зиу, æмгæртты ’хсæн — хæдæфсарм. Цыппар азът æнæ ’рынцойæ фæтох кодта знаджы ныхмæ æмæ сæрæга- сæй сыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Самсоны кæстæр — Димитр уыд 1920 азы гуырд. 1939 азы каст фæцис Цхинвалы педтехникум æмæ йæ уыцы аз акодтой Сырх Æфсады рæнхъытæм. Амонд йæ мидбылты худти Гасситы бинонтæм. Фæлæ рай- дыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Райгуырæн бæстæ хъахъ- хъæнджыты рæнхъыты æрлæууыдысты Падойы фондз фырты. Ныййарджытæн æхсæвæй-бонæй сæ цæстытыл уадысты сæ фы- ртты сурæттæ. Уæлдай тынгдæр та сæ зæрдæ æхсайдта сæ кæ- стæр фырт Христаформæ. Æнахъом ма уыд, 17 азы йедтæмæ йыл нæма цыд, 10 къласы ахуыр кодта, афтæмæй ’ацыди хæст- мæ. Мад æмæ фыд алæбон дæр хæсты быдырмæ æнхъæлмæ кастысты сæ фыртты фыстæджытæм. Фондз фырты дæр хъæбатыр тох кодтой фыдызнаджы ны- хмæ. Димитри уыд артиллерист, знаджы ныхмæ тох кодта Смоленскы здæхты. Бирæ хъæбатырдзинад равдыста хæсты быдыры. 1941 азы фæззæджы сау хабар сыхъуыст йæ ный- йарджытæм, фæлæ сын æй хъæубæстæ .не схъæр кодтой. Гиуæрги уыд хистæр лейтенант — ротæйы политрук. Ха йад иста Хъырымы æрдæгсакъадахыл тугкалæн тохты. Иуахæ- мы уæззау цæф фæцис, отпуск ыи радтой, æрцыд йæ уарзон ныййарджыты уынынмæ, фæлæ йæ фыды удæгасæй нал æрæй- йæфта. Ие ’фсымæры амæлæты хабар дæр базыдта, бирæ фæ- маст кодта, фæлæ уæддæр йæ ныййарæг мад, чындз æмæ хъæу- бæстæн ныфс æвæрдта: «Фæуыдзæн хæст, уæлахизæй æрыз- дæхдзыстæм æмæ та амондджынæй цæрдзыстæм». Фæлæ йæ ныфсæвæрд фæмæнг: фæмард тохы быдыры. Се ’ппæты кæстæр Христафор Ереваны каст фæцис æфсæд- Дон ахуыргæнæндон, ра^ста афицеры чин æмæ æрвыст æрцыд фронты раззаг хахмæ. 1944 азы уæззау цæф фæцис æмæ йын хос^кодтой Цхинвалы æфсæдцон госпиталы. Абæрæг-иу кодта йæ ныййарæг мад, йæ хойы. Уæды онг ын лæвæрд æрцыд хистæр 12* 177
лейтенанты чин, стæй уæд дыууæ ордены æмæ цалдæр медалы. Уыды аз фæстæмæ аздæхт фронтмæ æмæ мард фæцис Берлин сисыны сæрыл тохты. Зæнæджы хистæр Ефим дæр, йе ’ннæ æртæ æфсымæрау, йæ цард нывондæн æрхаста Фыдыбæстæйы сæраппонд. . Фондз æфсьгмæры ацыди Гасситы хæдзарæй райгуырæн бæстæйы æфхæрджытæй сæ маст райсынмæ. Уыдонæй цыппар- Ефим, Гиуæрги, Димитр æмæ Христафор фесты æбуалгъ хæсты амæттаг. Зьшбауромæн у ныййарæг мадæн йæ хъæбулты зиан. Бирæ маст фæкодта Уаленкъа дæр, фæлæ йæм лæджы хъару разынд. Уæддæр йæхи нæ ауагъта, йæ хъару, йæ ныфс нæ ба- саст, цыфæнды хъуыддаджы дæр фæстæ никæмæй лæууы. Хъæубæстæ йæ уарзынц сæхи мадау, кæнынц ын кад, дæттынц ын æгъдау. Зын у Уаленкъайы хуызæн мæстджын сылгоймагимæ ахæм уæззау хабарыл дзурын. Нæ зæрдæ нæ нæ хаста, нæ цæст нæ уарзта уымæн йæ зæрдæйы хъæдгом бацагайын. Уын хорз зоны, йе ’нхъæлмæкаст дзæгъæлы кæй фæци. Фæлæ йын куы бамбарын кодтам, йæ хъæбатыр фыртты кой нæ чи- ныджы ракæнын фæнды, зæгъгæ, уæд йæ цæссыгтæ æркалдта æмæ нын афтæ зæгъы: «Хорз фæнд уæм ис, хорз фæнд, мæ хъæбултæ. Мæ мастæй дæр ма цы рацæудзæн. Уадз æмæ сын Иры дзыллæ зонæнт сæ ном, уадз, æмæ нæ рæзгæ фæлтæр зо- нæнт, сæ абоны амондджын царды сæраппонд йæ сæр мæлæт- мæ чи радта, уыдон ном». Уый фæстæ стъолыл æрæвæрдта йæ цыппар фырты ныв- тæ, æдзынæг сæм фæкаст æмæ нын загъта: «Мæ хъæбултæ, газеты ма сын сæ нывтæ дæр ныммыхуыр кæнут. Уадз, нæ хæс- тæджытæ æмæ мæ фыртты æмбæлттæ ноджы хуыздæр базоной мæ зынгхуыст хъæбулты хабар».
Хæтæгты С. ДÆ СÆРÆЙ ЙЫН АКУВ Асæй — рæстæмбис, хæрзконд, хъæсхуыртæарæзт адæй- маг. Сабыр, рæвдаугæ цæстæнгасы хицау. Митау урс-урсид афæлдæхт йæ сæры, йæ цæсгомы хил. Адæймаг æм æдзынæг бакæсы æмæ хъуыдыты аныгъуылы: цымæ йыл ч.и байтыдта афтæ парахатæй уыцы «халас»? Азтæ? Нæ, Фацбай нырма афтæ зæронд нæу, йæ карæнтæй бирæтыл иу урс æрду дæр нæма ис. Уа^дæ чи уыдис уыцы æгъатыр? Урс хилы æдде ма> йын йæ уадултыл дæргъæй-дæргъмæ ауæдзтæ дæр куы. скодта.... Цард? Нæ, ахæм хациæгимæ дæр сразы уæвæн нæй. Сабыр царды фæллойы бонты ницы уый бæрц маст баййæфта Гæвы- сы фырт нæдæр йæ куысты, нæдæр æхсæнады, нæдæр бинонты ’хсæн. Куыд зæгъынц, афтæмæй Фацбайы æнафоны азæронд кодта хæст, йæ сау хилтæ урсæй раивта цалдæр сахатмæ.... Ныр горæты (Орджоникидзейы цæры) уынгты куы фæ- цæйцæуы, йæ зонгæтæ йын сæ сæртæй ныллæг куы акувынц, уæд, чи зоны, йæхинымæр фæзæгъы: «Ех, тæхуды, мæ бон сымахæн зæрдиаг арфæ ракæнын куы уаид... Уæд та ма мæ къухы мæ зæрдæйы хъуыдытæ ныффыссын куы бафтыдаид..* Науæд нæм цы сагсур лæппутæ рахъомыл, уыдонæн бæгæны- йы кæхцæй куы скувин, æз, цы бавзæрстон, уый сымахæн макуы мачи бавзарын кæнæд, зæгъгæ». Чи зоны, ахæм æн- къард хъуыдыты рæстæг Фаабайæн йæ цæссыгтæ æрызгъæлын- стввонг свæййынц, фæлæ та сæ тыххæй ныууромы: «Æнцац, ^а мæ худинаг кæнут!.. Нæлгоймагæн сымахимæ æмцæдис 179 .
кæнын нæ фидауы»... Чи зоны, ноджыдæр ма куы уаид, цы уаид... Фæлæ ацы >æнæхайыры «чи зоны»-ты æвзаг тынг уæззау у. Ацы «чи заны»-ты æвзагæй мах ныртæккæ Фацбайы бæл- лйцты фæд агурæм. йæхицæн та дзурын йæ бон (нæу—æгъа- тыр хæст ын йæ ныхае айста. йæхицæн та йæ хъуыдытæ гæх- хæттыл ныффыссын дæр йæ <бон нæу— цыфыддæр хæст ьш йæ къухты нуæрттæ бахуыскъ кодта... Цыбыр дзырдæй, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй Фацбай сыздæхтис æрдæг лæгæй, къодахæй... Æмæ дзы йæхи æвдис- гæ та æцæг лæгæй кæй ракодта, цалынмæ нæ ныхас уый тых- хæй нæ райдыдтам, уæдмæ уал мах зæрдиаг арфæтæ ракæнын фæнды йæ бинойнаг Изаветæйæн. Стыр бузныг, Изаветæ, дæ сахъат, фæкæсинаг æмкъайыл дæхи кæй нæ атигъ кодтай, стыр лæджыхъæд æмæ дæм æцæг уарзондзинад кæй разын- дис, уæдæй абонмæ йæ сывæллоны рæвдыд кæй кæныс, фæ- тыхсын, йæ зæрдæмæ ныккæсын æй кæй никуы бауагътай, уый тыххæй. Стыр бузныг, дæ иунæг уды фæллойæ уæ фырт Бари- сы, уæ чызджытæ Раисæ, Майæ æмæ Людмилæйы кæй фæхас- тай æмæ сæ адæмы рæнхъмæ кæй ракодтай, уый тыххæй. Дæ хуызæн адæймæгтæн аргъ нæй, Изаветæ. .. Зын у къуытты адæймапшæ «иумæйаг æвзаг» ссарын, ./тæгæй-лæгмæ уый зæрдæмæ ныккæсын æмæ йын йæ а-рф æвæ- рæнтæ райхалын. Фæлæ уæддæр Гæвысты Фацбайы иарды æмæ хæстон фæндæгты тыххæй иуæй-иу хабæрттæ ’нæ къухы бафтыд, йæ бинойнаг, йæ хæстон æмбæлтты, архивты æмæ газетты фыстыты фæрцы. йæ рæстæджы Фацбай каст фæцис Чырыстонхъæуы ас- тæуккагскъола. Уыдис партион æмæ советон бæрнон куыстыты. Уырдыгæй йæ арвыстой партион скъоламæ. Æнтыстджынæй йæ каст куы фæцис, уæд ьш йæ бæрны бакодтой партийы Ды- гуры райкомы хайæдтæй иу. Фæстæдæр æй арвыстой уæды рæстæджы Дур-Дуры фæстæзад колхозмæ па^ртион организа- цийы разамонæгæй. Фæстæдæр—æфсæддон службæмæ. Хæст... Æмæ хæсты гуыргъахъ фæндæгтыл æрыгон афицер фæцыдис йæ райгуырæн Кавказæй Австримæ. ...1945 азы уалдзæджы фистæг æфсады дивизитæй иуы га- зет -йæ иу номеры фыста: «..,Абон уæлдай тынгдæр фесгуыхт танкты ныхмæ хæцæг сармадзанты взводы командир, гварди- йы хистæр лейтенант Гæвысты Т. Ф. Знаджы размæбырсæг танктæн ныхкъуырд дæтгæйæ, взвод уыдонæй ныппырх кодта æхсæз, стæй знаджы фистæг æфсæдтæй—-иу ротæ. Иуахæмы сармадзаны хъавдаразæг фæцæф, сæвзæрд тæссаг уавæр. Уæд уый бынаты æвæстиатæй балæууыд командир æмæ йæхæдæг басыгъта Дыууæ танчы, иу хæдтулгæ сармадзан æмæ амардта фынддæс гитлероны...» Не ’мзæххоны уыцы хъæбатырдзинады тыххæй бæлвырд- 180
дæр хабæрттæ къухы бафтыд дивизийы раздæры разамон- джыты мысинæгтæм гæсгæ. Хæст нæ Райгуырæн бæстæйы арæнтæй раджы ахызт. Ссь ветон намысджын æфсæдтæ фашистон цагъардзинадæй ссæри- бар кодтой европæйаг цалдæр паддзахады. Никæйы бон уал бауыдаид уыдон уæлахизы размæбырст бауромын. Гъе, фæлæ гитлерон лæгсырдтæн сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрын сæ фæсон- æрхæджы дæр иæма уыд, цæуылдæр ма сæ зæрдæ дардтой, цæмæдæр æнхъæлмæ кастьгсты. Цъулберау-иу ныззæгæл сты алы горæт, кæцыфæнды чысыл хъæу кæнæ æфсæнвæидаджы станцæйыл дæр. Австриаг горæт Пресбаумæй та сарæзтой æцæг фидар. Цæвиттон, немыцæгтæн ам уыдис танктæ æмæ сармадзантæцалцæггæнæн заводтæ, бирæ хæцæн æрмæг, Æмæ сфæнд кодтой, цальгамæ уыдон сæхимæ аластаиккой, уæдмæ цыфæнды мадзæлттæй дæр горæт бахъахъхъæнын. Сгарджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй фашисттæ горæт бахъахъхъæнынмæ æрмæст танктæ æрбаппæрстой фондзыс- сæдзæй фылдæр. Æмæ дивизийы командажæнынад æрцыдис ахæм уавæрты æппæты растдæрыл банымаинаг фæндмæ: горæтмæ æртæ- рдыгæй ныббырсын, йæ бацæуæнтæ йын фидар æрæхгæнын, знагæн уырдæм ног тыхтæ баппарын дæр куыд <нæ уа, стæй уырдыгæй исты раласэан дæр, афтæ. Сæйраг бацæуæныл хи æрфидар кæнын хæсгонд æрцыдис автоматчшкты ротæ æмæ Гæвысты Фацбайы сармадзанты взводæн. Бацамынд рæстæгмæ горæт æрхъулагонд æрцыд. Гитлероп- тæ хъуыддаг куы фембæрстой, уæд æвæстиатæй æрбабырстой, къæппæджы сын чи бахауд, сæ уыцы удæгас тыхтæ æмæ тех- никæ фервæзын кæнынмæ. Разæй — танктæ, сæ фæстæ — фис- тæг æфсад. Сæ сæйраг тыхтæ сарæзтой, автоматчиктæ æмæ Гæвысы ’фырты гвардиантæ кæй хъахъхъæдтой, уыцы бацæ- уæнтæм. Æввахсæй-æввахсдæр кæнынц мæлæтхæссæг домбай машинæтæ, хъустæ арауы сæ моторты уынæргъын. Нымад минуттæ ма, æмæ махонты сæ быны ассæнддзысты. Фæлæ сæ æхсын райдайыны тыххæй, йæ хæстонты курдиат ни«цæмæ дар- гæйæ, Фацбай ноджы хæстæгдæр æрбауагъта. Стæй йæ къухы тылдæй ацамыдта, райдайут, зæгъгæ. Æмхуызонæй нымбу кодтой сармадзантæ. Скуыстой пулеметтæ æмæ автоматтæ. Гитлерон салдæттæ æм/æ афицертæй взводæй фылдæр зæххыл хуысгæйæ баззад. Дыууæ танчы æмæ цыппар бронетранспор- теры сæ мидбынаты дзыхълæуд ныккодтой æмæ сæ сау пмл- лон арвыл амбæлдис. Фæлæ фашисттæ сæ уыцы зиæнтты хъуыды дæр ие ’ркод- гой æмæ бырстой, бырстой... Уæдмæ нæ сармадзантæй иу «фæхуыдуг» — хъавдаразæг фæцæф. Уыцы сармадзанмæ уæртæ комкоммæ æрбалæсы з1на- джы танк, ныртæккæ йæ йæ быны ассæнддзæн. Фацбай хабар 181
куы бафиппайдта, уæд йæ гуыбьшы цъарыл бабырыд сарма- дзанмæ. Æрзылдта лæсгæртæ, æрхъавыд... Гæрах. Нæмыг ба- тыдта знаджы танчы «мæсыг», æмæ йæ хуылфæй райхъуыстис тыхджын срæмыгъд. Ноджы ма иу танкы фæздæг скалдта сыхаг сармадзан. Уæдмæ знаджы бырсæг фистæг æфсæдтыл та тугуарæн кодтой нæ автоматчиктæ. Сæ уавæр хорз нæу, гитлеронтæ уый куы бамбæрстой, уæд ма нæ автоматчи^ты ротæ æмæ сармадзанты взвоцы ныхмæ ноджыдæр æрбаппæрстой дыууæ ротæйы бæрц фистæг æфсад æмæ фондз хæдтулгæ сармадзаны. Хæст фæкарздæр. Ноджы- дæр ма скалдис иу танчы пиллон. Ноджыдæр ма фæстæм<æ æппæрст æрцыдис гитлеронты »иу размæбырст. Фæлæ сæ кæ- нон нæ уадзынц. Фацбай бафиппайдта, ададжы сæм дыууæ танчы æмæ дыууæ бротетранспортеры аивæй куыд æрбахъуы- зынц, уый. Фæлæ нæ сармадзантæ ныртæккæ куыд æвæрд уы- дысты, афтæмæй сын æхсæн нæ уыд. Уæд Фацбай хæстонтæн бардзырд радта: — Размæ уæ цæстæнгас дарут! Йæхæдæг йæ сармадзан фæрсырдæм азылдта. Æрхъавыд. Гæрах!.. Дыккаг!.. Знагæн разæй цы бронетранспортер цыдис, уый йæ мидбынаты ныззылд, йæ фæздæг скалдис. Уæддæр ин- нæтæ сæ бырды кой кæнынц фæскъуылдымты. Мæнæ хæстæг- дæр къуылдымæй раззаг танк йе ’згъæр гуыбын сдардта. Аф- тæ æрбахæстæг, æмæ йæм ныртæккæ гранат дæр баххæссид... Æмæ та ногæй райхъуыстысты Гæвысы фырты сармадзаны гæрæхтæ. Уыцы танк дæр та куы ссыгъдис, уæд иннæтæ са* ныфс нал æрбахастой, сæхи айстой. Фацбай сармадзан ба- тылдта йæ раздæры бынатмæ æмæ дзы комкоммæ æхстæй æнæвгъау ныккалдта фашистты размæбырсæг фистæг æфоæд- г/ыл. йæ цæстытыл ма ауад^ гитлеронтæ удаистæй фæйнæ- рдæм куыд лыгъдысты, уый. Стæй йæ хæдфарсмæ срехæлд зна- джы минæ <æмæ... ирон хъæбатыр хæстоны цæрæнбонтæм са- хъатæй (ныууагъта... Æртæ сахæтæй чысыл фылдæр ахаста уыцы æгъатыр хæст. Æрмæстдæр æртæ сахаты. Æмæ Фацба- йы сæрыл фыццаг халасы фæд баппæрстой...
Джиоты Катя ПОЛЧЫ КОМАНДИР Сæрдыгон бон. Харитон йæ фыд Георшимæ Куатетрийæ араст Калакмæ. Æнахъом лæппуйæн уыцы фæндаг уыд йæ царды даргь фæндагæн йæ райдиан. Ныххæццæ <сты Агарайы æфсæнвæндаджы станцæмæ. Уым сæ поездмæ бирæ ’нхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Поезд сигнал радта, станцæмæ фæхæццæ кæньга, зæгъгæ. Харитон фесхъиуд- та, стæй фефсæрм, йæ.алфæмблай аракæс-бакæс кодта, кæд æй исчи федта, уæд мыл фæхуддзысты, ницыфенæг мæ фен- хъæлдзысты, зæгъгæ. Ничи йæ рхъуыды кодта. Алчи йæ хæс- силагмæ февнæлдта, йæхи барæвдз кодта. Дардæй сæм разын- дысты цъæх хæдзаргæндтæ кæрæдзиуыл халгæндтæй. Куыд æввахсдæр кæны, афтæ сабырæй-сабырдæр кæньшц, стырæй: стырдæр зыньшц. Бынтон æввахс сæм куы ’рхæццæ, уæд цыма Харитоны дымгæ хæдзаргæндты. бынмæ баскъæфынмæ хъавы, гъе, та йæ ныртæккæ йе стыр цæлхыты бын аныуæрддзæн, аф- тæ йæм фæзынд æмæ фæстæмæ станцы ’рдæм алыгъд. йæ фыд *м дзуры: «Кæдæм лидзыс? Ардæм рацу, науæд поезд ан- къуысдзæн æмæ мах ам баззайдзыстæм». Ныр æй сæ цурылæуджытæй чидæртæ фæфиппайдтой, ба- -^удтысты йыл. Харитон фефсæрмы. Æрбацыд йæ фыды цурмæ. Схызтысты вагонмæ. Ракæс-бакæс кæны. Поезд анкъуыст. Фезмæлыдысты утæппæт хæдзарлæндтæ, «æрæдзиуыл халæй. Рудзынгæй ракаст: лидзьшц телы цæджындзтæ, зæхх, бæлæс- т«, хæдзæрттæ. Кæсы поезды бынмæ зæхмæ, дис кæны, уый Дæргъæн æфсæйнаг кæм ссардтой, уый æппæт фæйнæджытæ сьщ кæм уыд, кæд сæ фесты арæзт. Харитон цин кæны. Уырнгæ дæр æй нæ кæны, поезды бады . 183
æмæ Калакмæ цæуы, уый. Нырма йе ’мбæлттæй поезд уьгнгæ дæр ничи фæкодта, уый та дзы бадгæ дæр кæны... Поезд размæ атындзы, стæй та ныкъкъуыззитт кæны, æр- сындæг вæййы æмæ та æрлæууы иуран. Уæд адæм сæмхæццæ вæййынц. Уалынмæ 1изæр кæньин дæр райдыдта. Саби тыхсы йæхи- мидæг, зæгъгæ, ныр куы иытталынг уа, уæд ма уыцы стыр Калачы ацы талынджы куыд ссардзысты сæ фысымты. Куы фæдзæгъæл уой, уæд сын иу хатт сæ хъæуккаг лæг цы кинтоты кой кодта, уыдон сæ дзыппытæ акъахдзысты, Калакмæ цæуы- IIы тыххæй рагæй фæстæмæ капекгай цы æхцатæ фембырд кодта, уыдон. Дардæй сæм разыны стъалыты хуызæн цавæр- дæр рухсытæ, куы æрбаввахс вæййынц стъалыйы хуызæттæ,, уæд — рухс. Рухсытæ арæхæй-арæхдæр зьинынц, сбирæ сты, цыма исчи цæхæр ныппырх кодта, уыйау еьгн нымæц дæр нал уыд. Стъалыгæздты сæрмæ арв дæр уыд рухсгонд. Поезд цы- ма тынг бафæллад, уыйау иу цалдæр оффы ныккодта æмæ æрлæууыд. Адæм рахызтысты. Георги дæр йæ лæппуйы цонгыл ныххæцыд æмæ рахызтцсты перронмæ. Бахæццæ стысæ хæстæг Баграттæм. Харитон кæд бон изæр- мæ бафæллад, уæддæр куы схуыссыд, уæд йæ цæстытыл хуыс- сæг )нæ хæцыд... Фыд æй уым ныууагъта. Баграт æй ахуыр кæнынмæ радта 104 ирон астæуккаг скъолайы цыппæрæм къласмæ. Уый уыд 1930 азы (æртыккаг кълас каст фæци сæхи хъæуы). Харитоны зонындзинад кæд иннæ сывæллæттæй къаддæр уыд, уæддæр йæ уд радта ахуырмæ. Фыццаг мæйты йын зын уыд, фæлæ куыдфæстагмæ сси цæвиттойнаг ахуыркæни- наг, йæ уагахæстæй та уæлдай хицæн кодта канд сæ къласы нæ, фæлæ æгас скъолайы. Искæй-иу сæ цæвиттонæн æрхæссын куы бахъуыд хорз ахуыркæнинаджы, уæд-иу æрхастой Гæбæ- раты Харитоны. Харитон ма йæ ахуыргæнæн чингуыты æддейæ бирæ каст аивадон литературæ, тынг бирæ уарзта æфсæддон цардыл фыст чингуытæ. Арæх цыд кинотæм. 1937 азы каст фæци астæуккаг скъола æмæ бацыд Тб,шж- сы артиллерион ахуыргæнæндонмæ. 1939 азы æнтысг-æйæ каст фæци уыцы ахуыргæнæндон æмæ йын радтой лейтенанты чин. 1939 азæй 1940 азмæ куыста 116 дивизийы 406 артиллерион полчы батарейы политикон къухдариуæггæнæгæй. Хайад йста Ныгуылæн Украинæйы æмæ Бессарабийы соæ- рибар кæныны тохты. Райгуырæн бæстæйы юæрмæ сау м^игътæ куы фæзындысты, мæнгардæй ныл немыцаг лæгсырдтæ куы разылдысты, уæд Харитан ахуыр кодта Одессæйы Æфсæддон-политикон ахуыр- лæнæндоны. Харитоны зæрдæйы æвзæрын райдыдта фыдæхдзи- 1в4
над немыццаг лæгхортæм. йæ зæрдæ æнцойад нал ардта. Ах- уыр кодта æхсæвæй-бонæй æмæ ахуыргæнæндон каст фæци æмгъуыдæй раздæр, фæлварæнтæ радта тынг хорз бæрæггæ- нæнтимæ. Коммунистон партийы рæнхъытæм дæр уым бацыд. Иугæр партион куы сси, уæд йæхиуыл банкъардта фылдæр хæс. ,Йе ’имбæлттчмæ сæ арвыстой 35 æхсæг корпусмæ Хуссар- Ныгуылæн фронтмæ. Бæстæ сыгъди зынджы. Гитлерон удхор- тæ бырстой размæ, сыгътой æнæвгъауæй хъæутæ, горæттæ — адæмы бирæ азты дæргъы тугвæллой. Сæ хъомысджын тыхтæ æрбакалдтой нæ Райгуырæн бæстæ- йы зæрдæ Мæскуымæ. Советон командæкæнынады бахъуыд Мæскуыйы бахъахъ- хъæныны тыххæй стыр тыхтæ. Уæд 35 æхсæг корпусы штаб хаст æрцыд Вязьмайы районмæ æмæ дзы арæзт æрцыд 49 армийы штаб. Уыцы æфсады штаб хъахъхъæдта Смоленскы горæты, цæугæдон Сожы. Уым сын нал фаг кодта артиллерион комал- дæгæчæг тыхтæ. Уæд Хаоитон урæд æрпыд 660 артиллериок полчы батарейы командирæй. Цыд Мæскуыйы сæрыл карз тох. Харитоны хæстон æмбæлт- тæй цал æмæ цал æрхауд йæ фарсмæ. Æппæт уыцы нывтæ уынгæйæ, Харитоны зæрдæйы гуырд фылдæр маст, фылдæр фыдæхдзинад немыцаг лæгсырдтæм. Харитоны æфсæддон хай бабырста Мæскуыйы цæгат-ны- гуылæны ’рдыгæй Волоколомскы горæтмæ. Уый командæ кодта 220 æхсæг дивизийы 435 минаметон дивизионыл. Ржевы горæтмæ бацæуæны, цæугæдон Волгайыл немы- цæгтæ æрурæдтой махуæтты. 220 æхсæг дивизийы 2 дивизион нымад уыдис хуыздæр дивизионтыл æмæ-иу тынгдæр сæр каем бахъуыд, уырдæм æрвыстой уыцы дивизионы. Уыцы дивизио- нæн та командир уыд Харитон. Сытынг та тугæвзарæн хæст, бæстæ фестад тугхъулон, уæлдæф рыг, топпынæмыджы тæф скодта. Иудзырдæй, бæстæ -æрвнæрыд фестад. 220 æхсæг диви- зи Калинины фронты скондимæ размæ абырста. Хъуысти ал- гъуызон хъæртæ: «Размæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд!», «Размæ партийы тыххæй!» Немыцæгтæн кодтой сæрсæттæн цæфтæ æмæ сæрибар æр- иыд Ржев, Ярцево æмæ Смоленскы горæттæ, бахæццæ сты Ор- шайы горæтмæ. Уыцы хæстыты Харитон активон хайад кæй райста, хъæба- тьгразй кæй тох кодта, уьй тыххæй йæ Æфсæддон командæ^ кæнынад схорзæхджын кодта «Фыдыбæстæйон хæсты» Н-аг къæпхæны орденæй. Оршайы .горæты бацæуæнты махуæттæ сæхи цæттæ кодтой немыцæгтæн радон ныббырстмæ æмæ полчы конд æрцыд кур- сытæ, цæмæй бацæттæ «кодтаикмой афицертæ. Гæбæрайы фыр- 185
тæн хæсгонд æрцыд, «цæмæй уыцы курсыты .кастаид лекиитæ артиллерийы теорийæ. 1943 азы йын радтой майоры чин. Уалынмæ та сытынги Оршайы горæты æгъатыр хæст. Уы- цы тугкалæн хæсты Харитонæн йæ галиу уæхск фæцæф, нæмыг дзы ахызт иннæрдыгæй. Уæхск нал иста хæрдмæ. Схуыссын æй кодтой Мæскуыйы госпиталы. Уым Харитоны йе уæхскæй йæ зæрдæйы рыст тыхсын кодта тынгдæр. Йæ зæрдæ дзырдта æппынæдзух йæ хæстон æмбæлттимæ, 1942 азæй 1944 азмæ цы 660 артиллерион полкыл комавдæ кодта, уыцы дивизиимæ. Госпиталы фæцис æрмæст 18 боны, фæлæ йæм фæзындысты 18 азы хуызæн. Нырма йæ хъæдгом æххæст не сдзæбæх, аф- тæмæй фæстæмæ аздæхт й-е ’фсæддон хаймæ. Немыцæгтæ æр- бакалдтой бирæ хæстон тыхтæ. Иухатт та Харитоиы дивизион бацахста немыцæгты хъахъхъæдады æлхынцъ ссæдз немыцаг блиндажтæ æмæ траншейтимæ. Немыцæгтæ хотыхджын уыдыс- ,ты хæстон фæрæзтæй — танкæтæй æмæ фæстæмæ ралæууын кодтой не ’фсæдты, фæхшцæн Харитоны дивизион полкæй. Рай- дыдтой сыл æхсыи акъоппытæм гранаттæ. Уыцы хæстыты та Харитои равдыста стыр хъæбатырдзинад, байстой та уыцы хъахъхъæдады æлхынцъ, немыпæгты бахъуыд фæстæмæ алæу- уын. Уыцы хъæбатырдзинады тыххæй Харитонæн лæвæрд æр- цыд «Сырх Тырысайы» орден. 660 артиллерион полчы командир фæцæф æмæ амард. Уæд лолкæн жшандæ кодта Харитон. Уыцы полкæн командæ кæн- гæйæ сæрибар -кодтой Минск æмæ Гроднойы горæттæ, уыдон æддейæ ма бирæ хъæутæ. Размæ бырсгæйæ, 220 æхсæг дивизи бахызт Скæсæн Прусийы Кенингсбергмæ бацæуæнтæм. Гроднойы горæты бацæуæнты нæ дивиэийы æфсæддон хæйт- тæ бацыдысты хъæдгæронмæ, уырдæм сыл немыцæгтæ ихуа- рæгау нæмыг нызгъæлстой, бæстæ зынг фестад æмæ не фсæд- тæн размæ бырсæн нал уыд. Сæ разы уыд æртæ километры бæрц тыгъдбыдыр. Немыцæгтæ уыдысты акъоппыты æмæ уыр- дыгæй æхстой пулеметтæй. Харитоны полк уыд тынг æвзæр уавæры. Тохы быдыры æрмæст хæцæнгарзæй тохкæнын фаг нæу, хъæуы дзы цырддзæстдзинад, æрхъуыдыдзинад дæр. Уæд Ха- ритон бардзырд радта, полчы раздæр иæ къухы цы дивизион уыд, уымæн. Райстой сæ къухтæм нæзытæ æмæ размæ араст сты быдыры. Немыцæгтæ нæ бафшшайдтой, пæзыты аууон адæймæгтæ ис æмæ размæ цæуынц. Харитон йæхæдæг дæр се- мæ цыд, <иу километры бæрц куы ацыдысты размæ, уæд æхсын райдыдтой «емыцæгтæ. Камандир иу батарейæн бардзырд рад- та> цæмæй басудзой, немыцæгтæ æмбæхст цы мæнæуы хуымты уыдысты, уыдон. Бæстæ та æхст, фæздæг æмæ зынг фестад. Уыцы тохы куынæг æрцыд авд немыцаг танкæйы. Немыцæгтæ афтæ фенхъæлдтой, махуæттæ хъæдæй æхсынц æмæ сæ тыхтæ радтой хъæд.мæ, згъæлстой йыл нæмгуытæ 186
æмæ бомбæтæ. Дивизионæн æппындæр ницы зиан ракодтойи Гæбæрайы фырты полк 220 æхсæг дивизийы хæйттимæ нып- пырх кодтой немыцæгты хæцæн тыхтæ æм,æ бацахстой Гродно- йы горæты. Харитон ахæм хъæбатырдзинад кæй равдыста, полкæн арæхстджын разамынд кæй лæвæрдта, уый тыххæй йæ схорзæхджьш кодтой «Александр Невскийы» орденæй. 1944 азы та ’ноябры карз уазæлтты Кенингсбергмæ бацæ- уæнты сытынг тугкалæн хæст. Харитон уым фæцис уæззау цæф. Схуыссын та йæ кодтой Вильнюсы госпиталы. Ацы хатт ын афтæ æнцонæй сыстæн нал уыд. йæ синыстæг уыд уæззау цæф. Хъыгагæн, йæ къухы нал бафтыд Уæлахизы бон командæ кæ- нын, батарейы командирæй полчы командирмæ кæм сырæзти, уыцы 660 полкыл. 3945 азы декабры мæйы сæрибар «æрцыд Советон Æфсады рæнхъытæй куыд Фыдыбæстæйон хæсты дыккагкъорды инвалид. Æрыздæхт йæ райгуырæн уæзæг — Ирыстонмæ. Агарайы æфсæнвæндаджы станцæйы куы ’рхызт, уæд ара- кæс-бакæс кодта йæ алфæмблай, зæрдæ цинæй байдзаг. йæ зæрдыл æрлæууыд, фыциаг хатт Тбилисмæ куы цыд, уæд æм алцы куыд диссаг каст. Ныр та йæм диссаг каст алцы æмæ йæм алчи худгæ кæй кодта. Худтысты йæм бæлæстæ, къутæр- тæ, зарыдысты вагæттæ, рельсытæ. Иу цалдæр мæйы баулæфыд. Ногæй та æрлæууыд фæллой кæныныл. 1946 азы бацыд Хуссар Ирыстоны партийы обкоммæ кусынмæ æмæ дзы инструкторæй фæкуыста 1958 азмæ. Стæй партийы обкомы бюройы уынаффæмæ гæсгæ æрвыст æрцыд кусынмйе Хуссар Ирыстоны УМГБ кадрты гæсæй. 1954 азæй 1956 азмæ та ахуыр кодта Ленинграды ССР Цæ- дисы Паддзахадон Æдасдзинады Министрады уæлдæр скъо- лайы. 1956 азы ма фæсаууонмæ каст фæци Тбилисы Пушки- ны яомыл педагогон институты историон факультет. йе ’кæниздзииад ын кусынæн фадат кæй нал лæвæрдта,уы- •мæ гæсгæ 1958 азы ацыд пснсийы. Фæлæ та советон меди- цинæйы фæрцы йе нæниздзинад сфидар кодта æмæ фæстæмæ æртæ азы фæстæ кусынмæ бацыд Цхинвалторджы бухгалтер- ревиэоры бынатмæ. Гæбæраты Харитон абоны онг дæр кусы Цхинвалторджы æмдр йæ куыст æххæст кæны цæсгомджынæй, æнæзæрдæхудтæй.
Дзигойты Георги УÆЛЛАДЖЫРЫ КОМЫ Райгуырæн бæстæйы сæрмæ сау мигътæ лæсын куы рай- дыдтой, яемыцаг-фашистон тыхæйисджытæ нын нæ сæрибар- дзинад æтæ нæ хæдбардзинад байсынмæ куы ’рхъавыдысты, уæд капитан Гæбæраты Реуаз ацыдис фронтмæ. Хæсты хайад исын райдыдта фыццаг бонæй фæстæмæ. Го- рæт Гюмелы цур «фæцæф. фæлæ уæддæр нæ -ныууагъта тохы быдыр. Иуцъус фæстæдæр Гæбæрайы фырт æрвыст æрцыд сыхаг æфсæддон хаймæ бастдзинад саразьпшæ, фæлæ фæвдагыл бафиппайдта, ныхмæлæууæджы хæдтæхæг кæй æрбадт, уый. Сырхæфсæддонты къордимæ уый æрхъула кодта уыцы хæд- тæхæгыл. Хæдтæхæджы командæ йæхи тынг хъахъхъæдта. Гæ- бæрайы фырт кæд йæхæдæг цæф уыд, уæддæр уацары ракод- та дыууæ немыцаг афицеры æмæ сæ æрбакодта армийы штаб- мæ. Ацы сгуыхтдзинады тыххæй бавдыст æрцыд «Сырх Тырьг сайы» орден райсынмæ. Реуазы сгуыхтдзинæдты тыххæй фыссьш райдыдтой цент- ралон газетты,# ирон мыхуыры дæр ыл фæзынд бирæ уацтæ, æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ. 1942 азы Реуаз æрвыст æрцыд Цæгат Кавказы фронтмæ знаджы ныхмæ тох кæныны сæраппонд. Уый уыд Кавказмæ бацæуæнты. Райдианы уал Гæбæрайы фырты полк уыд хъахъхъæнынады уавæры. Хæстон уавæры командир ахуыр кодта йæ адæмы, амыдта сын, хæсты быдыры цы фæлтæрддзинад райста, уый. Декабры йæ хæстонты акодта скъуыддзаггæнæг разм.æ- 188
бырстмæ. 24-æм бон йæ полк æппæты разæй бацыдис горæт Алагирмæ. Немыцаг абырджыты ныхм.æ тохы рæстæджы Гæбæрайы фырт йæхи равдыста фæлтæрд æфсæддои хистæрæй, йæ хæс- тоцты знаджы ныддæрæн кæнынмæ ныфсджынæй чи кæны, ахæмæй. Полк знагæй байста æхсæзхæтæлон пулемет, 36 стан- кон пулеметы. 60 бæхы, 4 радиостанцы, æстдæс километры телефоны кабель, винтовкæтæ, хæстон æрмæджытæ æмæ æн- лæр трофейтæ. Ныхмæлæууæгæй фæмард 600 салдат æмæ афи- церы бæрц. Алагирæй полк ацыд Налцыччы ’рдæм, Цыколамæ, Кæ- сæг-Балхъармæ, Пятигорскмæ. Фæндагыл, Малкайы хъæуы цур уыд ахъаззаг тохтæ. Гæбæрайы фырт та ногæй фæцæф >ис. ...Тæмисчъы районы лæууыд дивизийы раззагон, фистæг полк майор Гæбæрайы фырты командæйы бын. Инæлар Серге- ев йæхимæ фæсидт Гæбæрайы фыртмæ, полчы комиссар Ар- тенкомæ, капитан Тавадземæ, батальоны командир Ревишви- лимæ æмæ иуæй-иу æндæр командиртæм. — Дæуæн хæсгонд цæуы, — загъта Сергеев Гæбæрайы фыртæн, — цæмæй Корнеевы полкæн галиу фланджы ’рдыгæй атонай ныхмæлæууæджы хъахъхъæнынад æмæ бафсæрай, кæм лæууы, уырдæм, Гæбæрайы фырты полчы хæстон фадыджы сæрмагонд хъазуатон къорд Тæмискъæн галиурдыгæй хъуамæ атыдтаид ныхмæлæууæджы хъахъхъæнынад, байстаид ын йæ фидæрттæ æмæ ахызтаид фæсчъылдыммæ знаджы æфсæдты скуынæг кæнынмæ. Тохты тæккæ хæдагьоммæ Ревишвили, Сергеев æмæ Ломи- дзе ацыдысты раззаг хахмæ. Фронты командæкæньшады ми- нæвар æмæ Сергеев баззадысты Тæмисчъы — майор Гæбæра- йы фырты командон пункты. Ревишвили æмæ дивизийы командир кæм уыдысты, Гæбæ- райы фырты уыцы командон пункт уыд Тæмискъмæ æввахс къæдзæхты лæгæттæй иуы. Раззаг хахх æввахс кæй уыд, уый æицондæр кодта тохæи разамынды хъуыддаг. ...Артиллерийы хъомысджын æхстыты фæстæ ныхмæлæу- уæджы хъахъхъæнынады раззаг хай атындæуыд æнцонæй, æмæ сахаты фæстæ та тох куы райдыдта, уæд уый хæдфæстæ хъазуатон полк йе ’ргом сæздæхта Црауы хъæдмæ- Карз тох- ты уый арæх хызт иуты къухæй-иннæты къухмæ. Хъазуатон къорд æнæхъæнæй бацыд Црауы хъæдмæ. Хъæд фæстейæ куы аззад, уæд майор Гæбæрайы фырт ахи- Ц-авнтæ кодта йе ’фсæдты æмæ æртæ фарсы ’рдыгæй æрхъула кодтой Црауыл. — Уадз, фрицтæ сæ зæрдыл бадарæнт сæ фыдракæнд! — хъæлдзæгæй фæхъæр кодта майор! — Уадз, уый сын уæд сæ фæстаг бон!.. 189
Æмызмæлд кодтой Уæлладжыры æнусон хæхтæ æмæ- кæмттæ. Сыгъдис горæт Алагир. Горæты адæм, æгас Ирыстон сыстадысты фашистты ныхмæ. Уыдон тох кодтой фæстаг ту- джы æртахы онг. Знаджы ныхмæ тохы хайад истой бынæттон цæрджытæ, партизантæ. Горæты скъолатæй сæ луы ахуыргæ- нæг Баснты Чабæханы знæгтæ æбуалгъы мардæй амардтой. Знæгтæ горæты сæхи куы схицау кодтой, уæд сæ бафæндыд ирон æвзагыл газет рауадзын. Газет уадзын бахæс кодтой со- ветон цæсгомджын ахуыргæнæгæн. Æнхъæлдтой, ирон сыл- гоймаг сæ разы зоныгуылæй æрлæудзæн æмæ сын лæггад кæн- дзæн. Фæлæ сын Баситы Чабæхан загъта: — Æз дæн советон ахуыргæнæг! . Ныры онг нæ еабиты ахуыр, хъомыл кодтон, цæмæй уыдаиккой сæадæм, сæбæстæйьг патриоттæ! Цæмæй сæ адæм, сæ фыдызæххыл, сæ паддзаха- дыл макуы рацыдаиккой гадзрахатæй. Æмæ ныр æз мæ сæр- мæ уый бахæсдзынæн, мæ цæсгом райгуырæн бæстæйы раз,> мæ адæм, мæ ахуыргæнинæгты раз цъыфæй байсæрдон!? Нæй1 Фæлтау мæлæт иу хатт вæййы æмæ хъуамæ уа кадимæ!.. — Хъæбатыр сылгоймаджы ахæм патриотон ныхæстæ æ-мæ хъуыдытæ, — зæгъы Гæбæрайы фырт, — махæ’н, Алагир æмæ* уымæ хæстæг хъæуты соæрибар кæныныл тохгæнæг æппæт хæстонтæн лæвæрдтой стыр ныфс. Нæ зæрдæтæ-иу ныккæрзыдтой, куы ма фехъуыстам, зæгъгæ, Алагиры патриоттæ Баситы Чабæхан, йæ мад, йе ’фсымæр Тасолтан, Беккуызарты Дзæрæхмæт, Габысты Сол- тан (кæцыйæн знæгтæ скъахтой йæ цæстытæ, ралыг ын кодтой йе ’взаг, йæ фындз), Æчеты Никъала, Мадзаты Георги, йæ* мад Салфеткæ æмæ бирæ æндæр хъайтартæн знæгтæ фыдми- тæ фæкодтой, зæгъгæ, фæлæ уæддæр мæлæтæй зынаргъдæрыл банымадтой райгуырæн бæстæ, сæ адæм, сæ намысы хъуыддаг. Адæмы сæрыл знæгтимæ тохты сæ цард нывондæн æрхæс- джытæн рæстæгыл æххуыс кæнын вæ къухы кæй нæ бафтыдчс. уый тыххæй кодтам уæлдай маст. Алагиры тохты хабæрттæй йæ ноджыдæр куы фарстамг уæд нын Гæбæраты Реуаз загъта: — Горæт Алагир ссæрибар кæныныл знаджы ныхмæ уд- уæлдай тох кодтой куыд Цæгат Ирæй, афтæ Хуссар Ирæй’ дæр бирæ хæстонтæ. Уыдонæй ма мæ зæрдыл лæууынц Дзауы районы Тлийы хъæуы цæрæг Зæгъойты Ладикъо. Уый Алаги- ры сæрыл тохы йе ’мæниздзинад фесæфта. Абон дæр баззад куырмæй. Знауыры районæйтаÆлборты Ильяйы, ЦæгатИрæй Гæцойы фырт, Къозоны фырт æмæ бирæ æндæртæ. Уырыс- саг æмæ æндæр нацитæй — Шагиров, Вагенин, Болшаков, Си- монян, Тавадзе, Сванидзе, Дурглишвили, Хенкинев, Зайцев;1 Асланзадзе, Рустамов æмæ бирæ æндæр хъæбатыр хæстонтæ. ...Мæнæн ма мæ зæрдыл хорз лæууы, немыцаг булкъоны’ йе ’фсæддонтимæ Тæмисчъы куыд ’рхизын кодтам, уый. Уы- 190
мæн йæ цæстытæ тугæй айдзаг сты, фырмæстæй йæ цинелы æфцæятотмæ æваст фæлæбурдта æмæ йæ рарæдывта. Йæ риу æхгæд уыд фашистон хорзæхтæй. Немыцаг булкъон ахъуыды кодта æмæ загъта: «Ныр мæ бауырныдта Кавказы хæхтæй махæн размæ акъахдзæфгæнæн кæй нал ис, уый! Ныр мæ бауырныдта, махæн Иры зæхх ин- гæн кæй суыдзæн...» Уый фæстæ ма фырмæстæй йæ цæнгтæм дæндагæй фæлæбурдта, фæлæ... Куыд æрбахаудта немыцаг булкъон уытæппæт ахсджиаг документтимæ махмæ? Уый цыдис Орджоникидзейы ныхмæ хæцæг ’фсады штабмæ. Алагирæй куы рахызт, уæд уым иу цахæмдæр ирон зæронд лæджы афарста, цæмæй йын фæндаг бацамыдтаид иысангонд бынатмæ. Зæронд лæг сæм бакаст æмæ дыууæ машинæйы йедтæмæ куынæ уыдысты, уæд сæ ра- рæвдз кодта махырдæм æмæ нын фехъусын кодта, зæгъгæ, фæцæуынц знаджы дыууæ машинæйы... Уый фæстæ ма уыцы лæджы рацагуырдтон, фæлæ йæ нал ссардтон. Бирæ агурынæн та рæстæг нæ уыд... ...Хъуыддæгтæ ахицæн сты, — зæгъы Гæбæрайы фьгрт, — дыу- уæ мæйы бæрц карз тохы ф,æстæ 24 декабры æмбисæхсæв го- рæт Алагирæй тард æрцыдысты немыцаг фашисттæ. Райсом та ногæй зæрин хур йæ тынтæ байтыгъта горæт Алагирыл. йæ сæрмæ сфæйлыцта Сырх Тырыса. Алагиры цæр- джытæ æмæ æппæт ирон адæмы æххуысæй не ’фсад горæтæй æнустæм фæсырдтой тугцъирты. Горæты цæрджытæн арæзт æрцыдис митинг. Митингмæ æр- цыдысты Цæгат Ирыстоны партион, советон кусджытæ. Байгом сты скъолатæ. Баконд æрцыдысты магазинтæ æмæ æндæртæ. Горæты фæллойгæнджытæ чысылæй-стырæй махæн кодтой пъа- тæ, хъæбыстæ... Хъæр кодтой: «Нæ ирвæзынгæнджытæ, нæ уар- зон æфсад!..» Мах дæр горæты фæллайгæнджытæн хæрзбон загътам æмæ дарддæр знаджы куынæг кодтам, сырдтам æй йæ лæгæтмæ, — загъта йæ ныхасы «æрон Гæбæрайы фьгрт. Ирон хъæбатыр гуырд, майор Гæбæраты Реуазæн, куыд Ала- гир æмæ уымæ æввахс хъæутæ, афтæ стыр кад скодтой Цæгат Ирыстоны æппæт фæллойгæнджытæ. 1943 азы 15-æм январы партийы Цæгат Ирыстоны обком аамæ Адæмон Комиссарты Совет бузныгдзинады нысанæн Гæбæ- раты Реуазæн арвыстой лæвар æмæ арфæйы фыстæг: «Зынаргъ Реуаз Несторы фырт! Куыд Ирыстоны æнувыд хъæбул, Алагиры ссæрибаргæнæг, афтæ дын партийы Цæгат Ирыстоны обком æмæ Адæмон Комиссарты Совет ирон адæмы комæй зæгъынц стыр бузныг æмæ дын æрвитынц чысыл лæ- вар — ирон нымæт, хъарм уæлдзарм худ æмæ æфсæддон цы- рыхъхъытæ. Уаэдæй ардæм рацыд бирæ азтæ, фæлæ абон дæр горæты 191
фæллойтæнджытæ мысынц Ирыстоны уарзон хъæбул Гæбæрать Реуазы. , ^ Дæлбулкъон Гæбæраты Реуаз 1953 азы ацыдис отставкæйы Хорзæхджын у Сырх Тырысайы дыууæ орденæй æмæ фонд: майданæй.
Плиты Илья РАЙГУЫРÆН БÆСТÆЙЫ ПАТРИОТ Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы фронтты немыцаг тыхæй- исджыты ныхмæ тохты-иу иро,н адæмы хъæбултæй 1исчи куы бас- гуыхти æмæ-иу æй орден кæнæ майданæй куы схорзæхджын кодтой, уæд-иу алкæмæн дæр æхсызгон уыди, кæрæдз/имæ-иу хæрзæгкурæггæгтæ цыдысты: «Не ’мбæстаг лæгдзинад равды- ста, йæ уарзон адæмæн скад кодта, æмæ йæ цæрæнбон бирæ уæд, ноджыдæр ын бантысæд», зæгьгæ, — афтæ-иу дзырдтой стырæй, чысылæй. Æмæ-иу хæстæй чи ’рцыдис рæстæгмæ улæф- тыкæнæ та йæ цæфтæ сдзæбæхкæныны тыххæй, уымæн та-иу куывдтæ кодтой, цин ыл кодтой, фарстой йæ хæсты хабæрттæй. Ирон адæмы фырттæ æмæ чызджытæ фронтты алыран дæр хъæбатырдз;инад кæй æвдыстой, уымæ гæсгæ сын фæсчъылдымы фропт н’ицы хæлæг кодтой. «Æппæт дæр фронтæн, æппæт дæр фæуæлахизæн». Колхозонтæ фрощрмæ æрвыстой цъындахæдæт- ^æ, æрмкъухтæ, цъындатæ, басылыхъхъытæ, цыхт, царв, дыргъ- тæ æмæ æндæр ахæмтæ. Нæ хæстонтæ уьгцы стыр аудындзинад æнкъардтой æмæ уд- уæлдай тох кодтой фыдгул знаджы ныхмæ. Хъæбатыр тох кодта фыдгул знаджы шлхмæ Знауыры рай- оны Мимилосхеуы хъæуккаг Гæбæраты Цамелы фырт Бесæ (Бесарион) дæр. Уымæн йе сгуыхтдзинæдты тыххæй бирæфыс- той фронтол газеттæ æ’мæ æфсæддон штабы кусджытæ та сæ бардзырдты. 1944 аз. 31 июль. 57 армийы политхайады хистæр булкъон Цинев фыста: «Æмб. Гæбæрайы фырт 1944 азы мартæй фæстæмæ служ- 13* 193
бæ кæны 315 æхсæг лолчы. Фыдыбæстæйон хæсты фронтты ха- йад исы 1942 азы январæй. 1942 азы ноябры рог цæф фæцис. Куы сдзæбæх.кс, уæд фæстæмæ йе ’фсæддон хаймæ ’рбаздæхтис. 1944 азы апрелæй 1944 азы маймæ лолк размæбырсæн тох- тæ куы кодта, уæд æмб. Гæбæрайы фырт батальоны сконды хайад иста тохты мидæг. 1944 азы 23 майы Арбузовкæйы хъæ} бацахсыны сæрыл тохты рæстæджы батальоны командир куы фæцæфис, уæд æмб. Гæбæрайы фырт, ларторг уæвгæйæ, коман- дæкæныны хъуыдлаг йæхимæ райста, æмæ, ныхмæлæууæджы тыхджын контратакæтæ фæстæмæ аппаргæйæ, командæкæнына- ды бардзырд сæххæст кодта». Æхсар æмæ лæджыгъæд кæй равдыста уыцы тугкалæн тох- ты, уый тыххæй Гæбæраты Бесæ хорзæхджын æрцыдис «Сырх Стъалыйы» орденæй. Ныфсхаст командир уыди Бесæ, æууæнкджын, дисциплинæ- Джын, йæ хъуыддагыл æнувыд, цæуыл тох кодта, уый фидарæй зыдта, æмæ йæ, гъе, уымæ гæсгæ сæвзæрстой батальоны пар- торгæй дæр. Бесæ йæхи цæстæй федта, иемыцæгтæ нын нæ торæттæ æмæ нæ хъæутæ куыд ныппырх кодтой, зæххы æмвæз сæ куыд -скод- той, адæмы куыд цагътой, фосау сæ уацары куыд æрвыстой фа- шистон Германмæ, уыдæттæ. Миллионгай æндæр хъæбатыр лæстонтау Бесæ дæр маст- исæг ныллæууыдис, æгъатырæй куынæг кодта йæ хæцæнгарзæй, йæ дæсты сындз чи фестад, уыцы немыцаг лæгбирæгъты. 1944 азы 3 сентябры 57 армийы политхайады хистæр йæ бардзырды фыста: «1944 азы 25 августæй 27 августмæ Молдавийы ССР Мин- жиры хъæуы цур ныхмæлæууæджы къордыл не *фсæдтæ куы. ’рхъула кодтой, уæд уыцы къорд ныддæрæнкæныны тохты хайад исгæйæ, æмб. Гæбæрайы фырт .иттæг хорз лæджыгьæд рав- дьгста. 1944 азы 26 августы знаг æрхъулайы цæг атонынмæ куы хъа- выди, æмæ контратакæйы куы рацыдис, уæд Гæбæрайы фырт, батальоны хæстон фæткы уæвгæйæ, йæхи сæрмагонд цæвитто- нæй разæнгард кодта хæстонты æмæ командиргы контратакæта^ фæстæмæ аппарыны хъуыддаджы. Иу боны мидæ/г æхсæг ротæты дыууæ хатты акодта йæхæ- дæг атакæйы. Æмб. Гæбæрайы фырт уыцы тохты автоматæй йæхæдæг скуынæг кодта 22 салдаты, 11 та уацары ракодта. Аккаг у хорзæхджын æрцæуа «Фыдыбæстæйон хæсты» II къæпхæны орденæй. ...Дунайы фурдæн фаллаг фарс немыцæгтæ сæхи æрфидар кодтой æмæ афтæмæй полчы хæстонтæн размæ цæуынæн фæн- даг нæ лæвæрдтой, æхстой сæ алыгъуыз хæцæнгарзæй. Фæсу- рын хъуыд немыцæгты фурдæн фаллаг фарсæй. Советон æфсæд-< дрн хæйттæ хизын байдыдтой фурдæн фаллаг фарсмæ. Узыцы 194
хъуыддаг афтæ æнæнхъæлæджы уыдис æмæ немыцæгтæ фер- гъуыйау сты. Фæлæ сæхи нæ лæвæрдтой. Карз тохтьг фæстæ ных’мæлæуджытæ сырд æрцыдысты блиндажтæ æмæ акоппытæй. Райсомырдæ.м плацдарм бацахстой махуæттæ, фæндаг байгомис •емæ полчы хæстонтæ размæ абырстой. Æмæ ахæм хæстон эпизодтæ бирæ сты, Бесæйы зæрдыл лæууьгнц, фæлæ уыдон се ’ппæт чи фæнымайдзæн! 1944 азы, фæззæджы Гæбæраты Бесæйы ахуыркæнынмгс арвьгстой Ленинградмæ æфсæддон-политикон ахуыргæнæндон- мæ. Афæдзы бæрц дзы баззади. Каст æй куы фæци, уæд æй ар- выстой япойнаг империалистты ныхмяз хæсты фронтмæ. Бирæ сты Гæбæраты Бесæйы огуыхтдзинæдтæ райгуыран Оæстæйы раз, адæмы раз. Стыр у йæ тохы фæндаг. Фыдыбæстæ- йон хæсты райдианæй йæ фæуынмæ хайад иста немыцаг фз- шдостты -ныхмæ карз тохты. Уый уыди Керчы, Цæгат Кавказы, 2-аг Украинаг, 3-аг Украинаг, Дард Хурыскæсæн фронты импс^ риалистон Японы ныхмæ хæсты. Æмæ уыцы карз тохты æхсар æмæ лæджыгьæд кæй равды- ста, уый тыххæй капитан Гæбæраты Бесæ хорзæхджын æрцыдис «Кавказ бахъахъхъæныны», «Германыл фæуæлахизы» æмæ «Японыл фæуæлахизы» майдантæй. Бесæйæн йæ тохы фæндаг к.уыд стыр у, йæ куысты, йæ’цард- вæллойы фæндаг дæр афтæ стыр у, хъæздыг у цаутæй. Гæбæраты Цамелы фырт Бесæ райгуырди 1912 азы Знауы- ры райоиы Мимилосхеуы хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты мæтуыр зæхкусджытæ. Бесо райдиан скъола каст фæци При-не- уы хъæуы. Уый фæстæ ахуыркæнынмæ ацыд Тбилисмæ. Уым бацыд ирон педтехникуммæ æмæ йæ каст фæци 1936 азы, 1939 азы та каст фæци Цхинвалы дыууæазон ахуыргæнджыты инсти- тут. Бесæйы хæст бахъыгдардта йæ ахуыр адарддæр кæнынæн. Фæлæ йын уæддæр 1951 азы уæлдæр ахуырад райсын бантысти Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты (фæсаууон’мæ), литфак фæци каст. Гæбæраты Бесæ Коммунистон оартийы рæнхъытæм бацыд 1939 азы. Уый куыста партийы Хуссар Ирыстоны обкомыинст- рукторæй, стæй та Аунеуы астæуккаг скъолайы директорæй. 1946 азы капитан Гæбæраты Бесæ Советон Æфсадæйæрыз- Дæхтис Ирыстонмæ. Куыста Хуссар Ирыстоны Рухсадыхайады адспекторæй, стæй та Цънелисы астазон скъолайы директорæй. Куыста Цхинвалы колхозон базары директорæй.
Пухаты Илья ФЫДЫБÆСТÆЙОН ХÆСТЫ ВЕТЕРАН Знауыры райцентрмæ ’ввахс цæугæдон Пронейæн у рахиз- æрдыгæй фæзы æрбынат кодта Дзагъинайы хъæу. АЦы къан- нæг, фæлæ рæсугъд хъæуы райгуырдис æмæ схъомылис Гæ- джиты Вааилы фырт ’Иван. Рæсугъд æмæ дзæбæх æрдзы хъæбысы рæз хаста Иван, йæ- хи æмбарынхъом куы фæци, уæд й.æ зæрдæйы гуырын байдыд- той бирæ бæллицтæ: фæндыдис æй ахуыр лæг суæвын, 1939-æм азы ахуыр кодта Ива.н Знауыры 10-азон скъолайы. Фæлæ не- мыцаг фашисттæ мæнгардæй куы æрбабырстой нæ райгуырæн бæстæмæ, уæд Иванæн йæ бæллицтæ сæххæсткæнын йæ къухты нал бафтыдысты. Коммунистон парти æмæ Советон хицауад æрсидтысты æппæт советон адæммæ знаджы ныддæрæн кæнынмæ. Уæла- хиздзийад сифтонг кæньгны нысанæн арæзт æрцыдис хъахъ- хъæнынады Паддзахадон Комитет. «Æппæт дæр фронтæн, æп- пæт дæр фæуæлахизæн»,— ахæм лозунг уыд нæ адæмы раз. 1942-æм азы сæрды гитлеронтæ хъуамæ рахызтаиккой Ма- рух-Клухоры æфцджытыл Сухуммæ, фæлæ сын нæ гарзджын æфсæдтæ ахъаззаг цæф фæкодтой æмæ фæстæмæ тард æрцы- дысты стыр зиæнттимæ. Сухумæй 35 километры æддæдæр Марух æмае Клухормæ рахизæнтыл цы стыр тугкалæн хæстытæ цыдис, уыцырае хайад иста Гæджиты Р1ван дæр. ; Немыцаг фашисттæ Кавказы хæхтыл дæрæн куы баййæф- той, уæд уый фæстæ Иван æрвыст æрцыдис Укра.инæйы фронт- 196
мæ. Иван салдатæй сырæзт хисгæр лейтенантмæ æмæ камандæ кодта пулеметон ротæйыл. 1943 азы 22 ноябрмæ 4-æм Украинæйы фронты фадыджы цыди стыр хæстонтæ «Турецкие ворота» сисыны сæрыл, иууыл зындæр сисæн уыдис немыцаг фашисттæн Сапун-хохы фадар. 1944 азы 8-æм апрелы тугкалæн хæстыты руаджы горæт Пе- рекоп сæрибар æрцыдис гитлеронтæй æмæ уый тыххæй диви- зийы командæгæнæг инæлар-лейтенант Чинчабадзе йæ бардзыр- ды Иванæн радта бузныгдзинад. 1379 æхсæг полчы командир майор Халявицкий Гæджиты Иваны хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй фыста, зæгъгæ, хис- тæр лейтенант Гæджийы фырт пулеметон ротæйыл комаи- дæкæнгæйæ равдыста йæхи стыр ,хъаруджын æмæ ныфсхастæч. Иванæн йæ ротæ тагъд æмæ стыр арæхстджынæй, немыцаг фа- шистты ныддæрæнгæнгæйæ, ссæрибар кодта «Турецкие воро- та» æмæ уымæ гæсгæ Гæджиты Иван аккаг у хорзæхджын æр- цæуа «Сырх Стъалыйы» орденæй. Иван хайад иста, горæт Севастополы осæрлбаркæныныл цы стыр тугкалæн хæстытæ цыдис, уым дæр. Ацы хæстон операци- ты дæр Иван равдыста лæгдзинад .æмæ хъæбатырдзинад. Уы- цы тохты гитлеронтæй (ныццагътой 50 салдаты æмæ скуынæг кодтой 7 пулеметон æхсæн тæппы. Ацы хæстон операциты хъæбатырдзинад кæй равдыста Иван, уымæ гæсгæ хорзæхджын æрцыдис «Фыдыбæстæйон хæсты» дыккаг къæпхæны орденæй. Немыцаг фашисттæ куыд лыгъдысты, афтæ Иванæн йæ хæс- тон фæндаг дардæй-дарддæр ’кодта Ныгуылæнырдæм. Фашистон оккупанттæй хъуамæ оæрибар æрцыдаид Литва- йы Советон Соодалистон Республикæ. Гæджийы фырт райста ног бардзырд: йæ пулеметон ротæ хъуамæ йæхи хорз бацæттæ кæна радон абырстмæ—Крупяйы районы осæрибар кæна фашистон окупанттæй. 1944 азы 16—19 августы æхсæг полчы хæстонтæ, Гæджийы фырты ротæ дæр семæ, афтæмæй ацыдысты размæбырсты. Фæлæ тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты, немыцаг фашисттæ т-ехникæйæ æмæ бæрцæй дæр уыдысты бирæ фылдæр æмæ ра- Дыдысты контратакæйы. Немыцаг танкисттæ, сæ фæстæ фистæ;г æфсад, афтæмæй цы- Дысты размæбырсты, фæлæ Иваны ротæ пулеметты тыхджын æхстæй алыг дшдта немыцаг ф>истæг .æфсæдты сæ танкæтæй «х\мæ кæд фашистты æрхъулайы бахауд, уæддæр ротæ хæцыд стыр хъæбатырæй. Иваны ротæ иу боиы дæргъы атшæрста гитлеронты фистæг æфсады 8 атакæйы æмæ скуынæг кодта 100 салдат æмæ офи- церьь 1944 азы Гсæджиты Иваны æхсæг полчы -командæгæнæг 197
майор Немнтинов бавдыста «Фыдыбæстæйои хæсты» фыццаг къæпхæны орденæй схорзæхджын кæнынмæ. Хæст куы фæцис, уæд Иван æрыздæхт йæ райгуырæн бæс- т-æм æмæ ныр цалдæр азы кусы Цхинвалы 2-аг автотранспор- тон канторæйы.
Гокоты Хадзы-Мурат ..ÆМÆ ЦÆРГÆЙÆ БАЗЗАДЫСТЫ {НЕ ’ХСÆН Уыдон тыххæй чингуытæ фыст нæй. Уыдон рухс нæмттæ мысынæн нæ ныссагъдæуыд æнусон цыртытæ бронзæ æмæ дзæнхъайæ. Фæлæ уымæй стырдæр цырт дзыллæты зæрдæты æнусты бонтæм сæхæдæг самадтой сæхицæн. Сæ тох, се ’гъуыстаджы нæмттæ систы æрдхæрæйнаджы зарджытæ æмæ удæгас кадджыты сæр. Сæ цард фестад æцæгдзинады таурæгь æмæ адæм æнусæй-æнусмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ, цæстыга- гуыйау, сы.гъдæг æмæ арæхстджьгнæй, дæтдзысты уыды тау рæгъы, уымæн æмæ таурæгъ райгуырд адæмы зæрдæтæй, цар- ды сæрыл тохы артдзæстæй æмæ цæргæйæ баззадис уæлæуыл. Æмæ цæрдзæн, цалынмæ дунетыл хуры рухс кæса, цалынмæ зæххыл нæ банымæг уа цард. Уьшы æнусон таурæгъ та райгуырд Иры зæххыл æхсар æмæ лæгдзинады заманы..- Райгуырд... ..Лæууы Иры зæххыл, Дзуары хъæуы сабыр уынджы, æд- дийæ бакæсгæйæ иннæтæй бæрæг чи нæ хицæн кæны, ; ахæм ирон хæдзар- Фæлæ хъæуы цæрджытæй алкæмæн дæр уыцы хæдзар у кувæндоны хуызæн. Кæйфæнды ма бафæрс — сырх- галстукджын чысыл лæппуйы, æви ’нартхоркуыстгæнæг æвзонг ^ызджы, кæнæ та урсбоцъо хъæуы хистæр зæронд лæджы æмæ дьгн алчи дæр зæ^гъдзæ-н сæрыстырæй, хъыгзæрдæйæ: — Ардыгæй ацыдысты Гæздæнты авд æфсымæры... Ай-ай, уыдон ацыдысты ардыгæй, ахызтысты сæ фыдыуæ- ьæджы къæсæрæй 1941 трагикон азы авд бæрзонд, фидæрттæ- конд нæлгоймаджы, фæллойгæнæджы уæзæгæвæрд армы тъæ- пæнтяе æмæ райгуырæн бæстæмæ æхсидгæ зæрдæтимæ. Ацы- Дысты немыцаг фашистон ордæйы хотыхджын тыхæйисджыты ныхмæ, нæ сæрибардзинадыл хъадамантæ сывæрынмæ чи хъа- ВДд æмæ советон адæмы æнусон цагъарады зындоны ныппа- рынмæ чи тырныдта, уыцы æлгъаг знæгты лыхмæ лæгдзинады хъазуатмæ. Ацыдысты Гæздæнты авд тохы салдаты хæсты бы- дырмæ, ацыдысты, Стыр Ленины рæстдзинады цырагъ дунейы сæрмæ чи ссыгъта, уыцы советон адæмимæ, фæлтæрты сау ры- 199
ГÆЗДÆНТЫ АВД ÆФСЫМÆРЫ Мæхæмæт Дзæрæхмæт Хадзысмел Созырыхъо
Шамил Махарбег Хасанбег
ъæй бахизыны сæрыл мæлæтдзат тохмæ. Ацыдысты... Фæяæ авдæй иу дæр нал æрыздæхтис йæ фыды уæзæгмæ... Мæ разы ис авд къамы. Иууылдæр — кæрæдзи æнгæс, фæлæ уый æмрæстæджы бынтон хицæнтæ — Мæхæмæт, Дзæрæхмæт, Хаджысмел, Махарбег, Созырыхъо, Шам»ил, Хасанбег. Ис сын сабыр æмæ гæзæмæ мидбылхудгæ нæсгæмттæ, сæ цæстытæ ирд, æнæхин каст кæнывц дучемæ, зына-нæзьша цъынд, сагъæс- хуыз. Фæлæ авдæй алкæй цæсгомыл дæр — лæгдзинады нысан, алкæйы цæстæнгасы — царды фидар къахдзæф чи кæны, ахæм адæймаджы æууæнкдзинад. Æз хъусын Гæздæмты авд æфсымæры тыххæй æввахс хæс- тæДжытæ, сæ хæлæрттæ æмæ <сæ хъæубæсты лæгты ныхæстæм æмæ архайын, цæмæй сын сæ фæлгæндзтæ æрлæууьш кæнон мæ зæрдыл, æрлæууын кæнон, сæ хъæуы колхозы ма куы куыс- той, куы ахуыр кодтой, фронтмæ куы ацыдысты, уæд куыд уы- дысты, афтæ. Æмæ мæм афтæ кæсы, цыма мæ цæстыты раз сыстад, Советон хицауад æмæ ног цардимæ чи рæзт, чи фидар кодта, уыцы хистæр фæлтæры цард æгагæйдæр... Рагуалдзæджы комудæфти^æ ’рбяйсæпгта Октябрь Цæгат Ирыстоны кæмттæм. Æмæ, зæрин хуры тынтау, батавта мæ- гуырты сæ тæригъæптаджы къ°»чаты алы .фапс. Зæхх мах у, хицауад мах у, фидæн мах у! Æмæ, куыд миигай хæххонтæ, афтæ Гæздæнты Асæхмæт æмæ Тасо дæр сæ фырттимæ иумæ æрывнæлдтой сæ райгуырæн хъæуы ног цард аразынмæ. Зæх- хыты æмцæдисæй бакусьшы артелмæ, уый фæстæ та «Сырх хохаджы» колхозмæ æппæты фыццаг уыдон бацыдысты. Æфсымæрты хистæр сабыр, бирæ ныха’С чи нæ уарзта,— Мæхæмæт, сæ хъæуы сооганизаци кодта сЬæскомцæлисон чыр. КИМ-ы значоктæ сæ риутыл кæмæч уьтц, уьщы æйттмардзæ фæсивæд коммунисттæн æххуью кодтой колхоз сындидзынкæ- ныны хъуыддаджы. Æмæ Дзуарыхъæуы Фьтцца^ трактор куы фæзынд, уæд ыл сбадт фæскомцæдисы раздзог Гæздæнты Мæ- хæмæт, ссис хорз тракторист æмæ суангдæр хæсты райдианмæ нал рахызт йе ’фсæн уæигæй. 1941 азы нюлы бонтæй ,>иуы райсом тызмæгæй загъта йе ’фсы-мæ’отæн: — Стыр тых æрбафсæры нæ зæхмæ, сау мылазон мигътæ бамбæрзтой арв. Ахæм фæдисы бон хъуамæ алы нæлгоймаг дæр йæ къухмæ райса хæцæнгарз. йæ мад æмæ йæ фыдæн, хæрзбонкæнгæйæ, ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Хæст тагъд фæуыдзæн. Фæуæлахиз уыдзыстæм æмæ уæм æз дæр тагъд æрыздæхдзынæн. Хистæр æфсымæры фæстæ уадид фронтмæ ацыдысты Дзæ- рæхмæт, Хаджысмел, Махарбег. Фронтмæ цæугæйæ, уыдонæй алчн дæр дзырдта: —Фæуæлахиз уыдзыстæм æмæ уæм æрыздæхдзынæя. 202
Хъысмæт иу æфсæддон хаймæ æркодта Мæхæмæт æмæ Хаджысмелы, уыцы æфсæддон хай та æгасæйдæр конд уыд цæгатирыстойнаг тохы бæлццæттæй. Уый та уыд, ферохгæ- нæт кæмæн нæй, Севастополы уыцы æвирхъау хъахъхъæдады бонты, растдæр уыцы бонты фашистон танкæты зæйы ныхмæ советон адæмы маст æмæ лæгдзинад, фыцгæ денджызау, рах- сыст æм<æ йæ улæнтæ айнæг къæдзæхты нызмæлынкодтой, раст- дæр уыцы бонты адæм æфсæддон худты гранатты баст сæ къухты, афтæмæй æбуалгъ, згъæрæйфæлыст знаджы ныуурæд- той. Уырыссæгтæ, гуырдзиæгтæ, украинæгтæ, азербайджанæгтæ æмæ нæ бæстæйы æндæр адæмты фырттимæ иумæ, ирон адæмы тохы бæлцæттæ Мæхæмæт æмæ Хаджысмел дæр-иу, нарты бæ- гъатыртау, растадысты акъоппытæй æмæ-иу фæстæмæ аппæрс- той знаджы радон конт.ратакæйы, ныцъцъист-иу кодтой, æрра сырдау, размæлæбурæг æлгъаг знæгты æмæ-иу æн атардтой Севастополæй дард тыгъдбыдыртæм. Иу ахæм æвирхъау, контратакæйы рæстæджы фыдгул эна- джы пулемет скарста Гæздæнты дыууæ бæгъатыр æфсымæры— сабыр, æрхъуыдыджын Мæхæмæты æмæ хъæлдзæг, цыргъ ны- хасмæ æмбисонды рæвдз лæппу Хаджысмелы. Уыцы диссаджы Хаджысмелы, хъæубæсты рæсугъддæр æмæ сæрыстыр чызджы- тæы йæ фæндыры цагъдмæ сæ риуты сæ зæрдæтæ кæмæн та- дысты, йæ цыргъ æмæ хъæлдзæг ныхæстæ адæмы ’хсæн дзыхæй-дзыхмæ «кæмæн цыдысты. Адæймаг амард æвирхъау, карз æмæ рæстагон тохы Фыды- оæстæйы сæрыл. — Æмæ иæ зонут, сым.ах, мæ карæнтæ, сæрибардзинад æмæ амонд йæ туг æмæ йæ цардæй махæн чи балхæдта, нæ сабиты мидбылхудт чи бахызта, уыцы æгъуыстаджы адæймаг царды куыд уыдис, уый? Æмæйæзонут, цы, æгас колхозы хæсты размæ ахæм пæвæджджын -нæ разындаид хоскæрдыны рæстæджы, Хаджыс- мелы разæй чи фæуыдаид. Æмæ ноджыдæр. Иу хатт изæрæй, фæскуысты фæстæ, Ха- джысмел райста бæласы .лыггаг, арæхстджынæй йæ скъахта, æмæ дзы сарæзта диссаджы хъисынфæндыр, йæ тæгты йьш фæцагайдта, æмæ азæлыд фæндыры хъæлæс. Уыцы фæндыры хъæрмæ иу æмæ дыууæ хатты не ’ртымбыл сты Дзуарыхъæуы разагъта фæсивæд Гæздæнты хæдзармæ æмæ-иу раст фæсахсæ- вæртæм -арвмæ хъуыстысты сæ зарьш æмæ сæ къæрцц-æм- дзæгъд. Авд къамы, авд æдзард æфсымæры. Æмæ ноджыдæр æмæ ноджыдæр æз хъуыды кæньш уыцы авд <æфсым.æрæн алкæуыл дæр: «цымæ куыд уыд царды мидæг уыцы адæпмаг, хæсты пиллон арты ч.и аныгъуылы, дæмæй абои чи цæры, уыдон ражм) царды цинтæ, царды хæрзтæй, аразой ног ^горæттæ, -ныууромой дшæджиау -цæугæдæтты, стъалытæм æрвитой космикон науты?.;> Нæ, уыдан, нæ хистæр фæлтæр, нæ уыдысты цавæрдæр уæ- 203
дарвон, уыдон уыдысты æрмæстдæр .хорз, куыстуарзаг адæй- мæгтæ. Уыцы адæймæгты «нæ абоны æцæгдзинад йæхæдæг схъомыл кодта, бахсыста сæ æндонау, æмæ сæ туджы ахъардта, цыдæриддæр зæххыл иогæй ис, цыдæриддæр советон у, уый. Гæздæнты Дзæрæхмæт — коммунист, æнæрынцой зæрдæ адæймаг, тæлтæг, нæ быхста æвæлмастдзинад, уæлдайдæр та- иу иум,иаг хъуыддаджы фæдыл ныхас куы уыдис, уæд, — ахæ- мæй сæ зæрдыл лæууы абон дæр ма дзуарыхъæуггæгтæн, уыд хъæусоветы сæрдар, уый фæстæ фæци Совпартскъола Дзæуджыхъæуы, хæсты размæ службæ кодта бæхджын æфса- ды, райста кæстæр лейтенанты чин. Фронтмæ куы раст кодта, уый хæдагъоммæ раныхас кодта, скъолайы размæ цы митинг уыдис, уым. Дзырдта, алы хатт-иу куыд дзырдта, афтæ, æхсид- гæ ныхас, æнæгуырысхойæ. — Знаг мæнгардæй æрбалæбурдта нæ райдзаст артдзæстмæ. Ард хæрып, уырыссаг мадæлты цæстæнгас æмæ Украинæйы быдырты сæ цъыфæйдзаг цырыхъхъыты бын чи сызмæста, уы- донæй цалынмæ мæ маст нæ райсон, уæдмæ ме ’хсаргард нæ нывæрдзынæ>н йæ кæрццæмы. Дзæрæхмæт йæхи æппæрста фронты раззаг хахмæ, хæсты æвирхъау цæхæрмæ. Фæлæ дисциплинæ у диоциплинæ: уымæн, кадрон командирæн, бахæс кодтой, цæмæй ахуыр кæна, æфсад- мæ кæмæ хъуамæ æрсидтаиккой, уыдоны. Æмæ мæнæ йæ рал æрхæццæ, фронт, тæккæ денджызмæ хæстæг, акъоппытæ, фа- шистон хæдтæхджыты бардз йæ сæрмæ. Æмæ тохтæ та æвир- хъау, уæззау — фыдыбæстæйы зæххæй алы уылынджы бæрц дæр цæфтæ, æмæ астæумæ тугæй цæм. Мах æй нæ зонæм, куыд æмæ цы уавæрты фæмарди иомму- нист Гæздæнты Дзæрæхмæт. Чи зоны æмæ æвæджиау æвирхъау джебогъæй тохы, зиæгты траншейтæй тæргæйæ, æмæ-иу ахæм тохтæ та æнæнымæц цыдысты, иу траншей-иу райсомæй изæрмæ цалдæр хатты къухæй-къухмæ цыд. Гъе, та чи зоны æмæ фыд- гул знæгты радон контратажæйы фæстæмæ аппарыны р,æстæ- джы... Иæ фыды уæзæгмæ ма йæ фæстаг бæрæг ныхас æры-* хъуыстис Новороссийскмæхæстæг ранæй. Бæрæгхабарта ахæм уыд, æмæ Дзæрæхмæты хæстан æмбæлттæ се ’мбалы фыд зæ- ронд Асæхмæтмæ æрырвыстой сæ фырты орден æмæ йын уый размæ йæ бинонтæм рарвитын цы фыстæг нæ бантыети, уый. Æрырвыстой фæсгаг бæрæг ныхас советон Райгуырæн бæстæ- йы сæрыл хъæбатырæй фæ^мардуæвæ^г лейтенант Гæздæньг фырты тыххæй. «М,æ зьшаргъ мад æмæ фыд, — фыста Дзæ- рæхмæт æрвгъуыз гæххæтты гæбазыл. — Ахæм карз тохтæ цæ- уы, æмæ, æгæрыстæмæй, тынг зын у уыдон тыххæй радзурын. О, фæлæ йæ куы зониккат мемæ уæхски-уæхск цы диссаджы адæймæгтæ тох кæны фыдгулты ныхмæ, уый! Уыдон ахиздзыс- ты цыфæнды знаджы æхсæнты дæр æмæ знаг ныртæккæ цы 204
у, уымæй дæс хатты тыхджындæр куы уа, уæддæр ыл кæй фæуæлахиз уыдзьисты». Адæймаг зæххон цардæй ахицæн, фæлæ йын арвитын цы фыстæг нæ бантыст, уым дарддæр кодта йæ куыст хæстоны, хъæбатыр патриоты æхаидгæ зæрдæ! Æмæ ныр дæр хъæуы коммунисттæ æхсызгонæй æрымы- сынц, Дзæрæхмæт .куыд арæхстис алы адæймаджы зæрдæмæ дæр фæндаг -ссарын, -кæчæ-му куыд бауырнын кодта адæйма- джы раст партион ныхасæй. Æрымысынц уый дæр, Дзæрæх- мæт Дзуарыхъæуы фæсивæды куыд ахуыр кодта бæхыл бадын æмæ кардæй арæхсын. Уыцы хъуыддаджы та сыл æгас районы дæр Н’ичи тых кодта. Асæхмæты фырт-иу сбадт иуыл тæлтæг- дæр, æнæрцæфдæ’р бæхтыл æмæ-иу тæхгæ-тæхып кардæй аха- уын кодта лыстæг талаты, тæхгæ-тæхьш-иу зæххæй къухмæр- зæн, гъе, æрхуы æхца куы фелвæста, уæд-му ыл сæ хъæубæстæ фырдисæй сæ цæст æрæвæрдтой. Чйзоны, иуæй-иутæм раст нæ касти, хъæусоветы сæрдар ахæм æрыгон лæппуйы митæ кæй кæны, уый. Фæлæ ахæм нæ уыд Дзæрæхмæт, — уый тьшг уарз- та уæлтæмæн уарзтæй æнæрынцой цард. Ахæмтæ уыдысты Гæздæнты æфсымæртæ. Дзуарыхъæуы номдзыддæр зæронд лæттæн сæ цæстытæ уæлдай тынгдæр айдзаг вæййынц цин æмæ æхсарæвдисæг улæнтæй, уыдон ныхас куы -æрыфтауынц Асæхмает æмæ Тасо- йы иннæ фырт, ^æларзæрдæ бæгъатыр Махарбегыл, уæд. Æф- сымæртæй иууыл бæрзонддæр, фидæрттæконд уæхсчытæ, афтæ зындис, цыма æгасæй дæр нуæрттæй конд у, йе 'уæнгтæй алы хай дæр дзурæг уыд, æрдз æй кæй сфæлдыста æрмæстдæр зæхх æмæ царды хицауæн. Уый кусын уарзта сæумæ райсомæй изæ- ры зæрæхсиды аныгуылдмæ, фæллад никуы зыдта, куыста æр- тæ адæймаджы бæрц. Сæ хъæуы фæсивæдæй иу дæр ахæм нæ уыди, Махарбегыл хъæбысæй хæстæй чи фæтых уыдаид. Хæсты тæккæ агъонмæ Махарбег каст фæци фæсаууонмæ Цæгат Ирыстоны педагогон институт æмæ Дзуарыхъæуы скъолайы лæвæрдта ирон æвзаг. 1941 азы 23 июны коммунист Гæздæнты Махарбег æрцыд æфоæддон комиссариатмæ. Уый фæстæ командирты курсытæ, фронты раззаг хахх. Мæскуыйы бынмае. Уырдыгæй уый Фыста йæ ныййарджытæм: «Фашисттæ æрбахæццæ сты Мæскуыйы онг. Фæлæ ам ссардзысты сæ мæ- лæт. Мах ницæй тыххæй ратдзыстæм нæ уарзон сæйраг горæ- ТЬ1. Нæ алы нæмыг дæр мæлæт хæссы æлгъыстаджы фашистон абырджытæн, нæ Райгуырæн бæстæмæ йæ цъыфæйдзаг къух чи райста, уыдонæн». Хистæр’ лейтенант Гæздæнты Махарбеджы хæдæхс стыр тæссаг уыд фашисттæн. Дæсгай гитлеро’нтæ барвыста ингæк- мæ — ахæм уыд Дзуарыхъæуы ахуыргæнæджы тохы хытъо,. ^ ый карзæй нæ ма-ст иста, нæ хъæуты нын чи басыгъта, адæ- мыл туджы зæй чи рауагъта æмæ æнахъом сабиты æнæный- 205
йарджытæй, сидзæртæй чи ныууагъта, уыцы æлгъаг фашистон сырдтæй. Махарбег фæмарди 1944 азы, Европæйы адæмты фыдрынæй, осæрибаркæньшы рæстæджы æвирхъау тохы. Кæрæдзийы фæдыл цыдысты зæронд Асæхмæты уæзæгмæ йæ фыртты’ сау гæххæттытæ. Фыд-иу гæххæтт куы райста, уæд-иу кæстæртæ куыд хистæрæй щыдысты се ’фсымæрты бьг нат тохы быдыры ба;ивынм.æ. Ацыдысты-иу,- цæмæй сæ маст райсой тохы быдыры сæ зынгхуыст æфсымæрты марджытæч æмæ иу ’сæ алчи дæр дзырдта: — Фæуæлахиз уыдзыстæм æмæ æрыздæхдзыстæм! Æфсымæрты кæстæр Хасанбег хæстмæ ацыд, дæсæм кълас дæр ’нæ ’фæци, афтæмæй. Арæхстджьшæй бафснайдтахызыныйæ чингуытæ æмæ ахъæбыс кодта йæ цæстысыгтæкалæг ныййарæг мады: — Æрыздæхдзынæн æмæ уæд мæ ахуыр фæуыдзынæн. ...Фæлæ нал æрыздæхт... Фыдгул знаджы нæмыджы схъис батыдта сонт лæппуйы риу, æмæ ныххуыссыд Гæздæнты хæдзарвæндаджы æвдæм бындар Хасанбеджы фæскомцæдисон цæхæр зæрдæ Белоруссийы зæх- хыл. Беслæны майсон комбинатæй комкоммæ хæцæг æфсады рæнхъыты амидæг Гæздæнты аннæ æфсымæр Созырыхъо. Каст фæци Махачкалайы фæлхасадон техникум >æмæ куыста Беслæ- иы. Сабыр, зондджын æмæ æгъдауджын уыд Созырыхъо. Фрон- ты ссис разсгарæг. йæ цард ахуыссыд, æрдæгыл аскъуыд йæ тохы фæндаг, не ’фсæдтæ Киев ссæрибаркæныны сæрыл тохтæ куы самадтой, уыцы рæстæджы. йе ’фсымæртæй иууыл дарддæр хæсты астæумæ тугхъулон фæндагыл фæцыд Шамил — кадрон камандир, артиллерист. Уы- цы фæндаг та йын райдыдта Уæлладжыры комæй, æмæ фæ- цис Берлины сæрыл тохты, аскъуыд йæ хæстон ф,æндаг, уæла- хизмæ ма цалдæр боны хъуыд, афтæ. Зыдта Шамил, йе ’фсымæртæй иу дæр йæ фыды уæзæгмæ кæй нæ уал æрыздæхти, уый. Йæ тых дæс хатты фæфылдæр кодта, афтæмæй йæ батарейы сармадзантæй нæмыг нæмыджы фæдыл, ихуарæгау, згъæлста «фердинандтæ» æмæ «тигртыл»^ сæ 'Сæртæ уынгæджы фесты, йæ бындур кæмæн ныззылд, уыцы Гитлерон рейхы фервæзын кæныны сæрыл ма, æррайау, ныхмæ чи лæууыдис, уыдонæн. Сармадзаны нæмыджы схъисæй мæ- лæтдзаг цæф фæугæйæ ма, рынчындонæй фыста сæхимæ: «Æз мæлын, фыдызнагыл кæй фæуæлахиз стæм, уый зонгæйæ». Ай-ай, уый Шамилы æмæ йе ’фсымæртæ æмæ уыдон хуы- заен миллионгай адæймæгтæ ныддæрæн кодтой æлгъаг тыхæй- исджыты, кæцытæн бантыстис Дзуарыхъæуы онг æрбалæбу- рын. Æфсæст, ссырдуæвæг эсэсонтæ зæххы æмвæз скодтой Дсæхмæт æмæ Тасойы хæдзары, æртхутæг фестын кодтой авд 206
хæстоны, авд советон патриоты кæм бахъомыл сты, æмæ, цæр- гæсы лæппынтау, стыр хъазуатмæ кæцæй атахтысты, уыцы арт- дзæсты. Хæсты фæстæ хъæубæстæ æмдыхæй сарæзтой Гæздæн- ты зынгхуыст æфсымæрты хæдзар. Ныртæккæ уыцы хæдзары цæрынц Дзæрæхмæты бинонтæ: йе ’фсин Любæ, йæчызджытæ — Светланæ æмæ Людмилæ, уыдон ахуыр кæнынц Дзæуæджы- хъæуы профессионалон техникон ахуыргæнæндон №4. Гæздæн- ты хистæр æфсымæртæй сæ иу Мæхæмæты чызг З.инæ дæр цæ- ры Дзуарыхъæуы, кусы Кировы номыл совхозы æртыккаг ха- йады, йæ фырт Хадзымырзæ хæдзæрттæ аразы’ Цæгат Ирыс- тоны столицæ Орджоникидзейы. Æфсымæрты ныййарджытæ Гæздæнты Асæхмæт æмæ Тасо сæ хъæбултæй бæстон бæрæг дæр нæ базыдтой, хæст йæ кæрон- мæ дæр нæма фæци, афтæ амардысты. Фæлæ хъæуы сабыр уынджы нæ сафтид ис Гæздæнты хæ- дзар. Ацы хæдзармæ арæх æртымбыл вæййынц, авд зынгхуыст æфсымæрты ном зынаргъ кæмæн у, уыдон. Æз рацæйздæхтæн Дзуарыхъæуæй майы ирд боны. Фæс~ хъæуæй хъуыст тракторы хъæр. Тракторскъæрæг фæтæнуæхск- джын, кабинæйæ ракаст, бахудт æмæ йе ’нгуылдзæй, æртхъи- рæнгæнæгау, бакодта, арвыл цы мигъы бындзыджы къæм фæ- зынд, уымæ, стæй размæ атардта йæ трактор. Æмæ мæнмæ афтæ фæкаст, цыма, уый, у Дзуарыхъæуы фыццаг тракторист Гæздæнты Мæхæмæты хуызæн. Гæздæнты авд æфсымæры, цардæй мæлæты æхсæн цы ауæдз ис, ууыл ахызтысты, фæуæлахиз сты мæлæтыл, бахызтой нæ абоны, нæ сом, нæ фидæны æмæ удыгæстимæ цæргæйæ базза- дысты. Уадз æмæ махæй алкæй зæраæйы дæр кусæнт уыдон æхсидгæ зæрдæ, уадз æмæ судзæнт уыдон æнæахуысгæ, куыст- мондаг æмæ, æрычцой чи нæ зоны, уыцы стыр уарзт фыдыбæс- тæмæ.
Мамсыраты Мурат ЦÆУЫЛ ДЗУРЫНЦ ХОРЗÆХТÆ Гæздæнты Аслæнбегимæ мæ йе ’рвад Хъазыбег базонгæ кодта. Уымæй размæ бирæтæй фехъуыстон, тынг хъæбатырæй, дам, хæцыд Аслæнбег. Ахæм адæймаджы тыххæй ныффыссын цас зын у: цы хъуыддæгтæ сарæзта, уыдон дæ цæстытыл ауа- йын кæн æмæ сæ гæххæтмæ <рахæсс. Ныр мæнæ бадæм Аслæн- бегимæ, фæлæ нæ ныхасæй ницы уайы. — Адæм куыд хæцыдысты, мингæйттæ, милуангæйттæ, аф- тæ хæцыдтæн æз дæр, уæлдай диссагæй ницы равдыстон, — зæгъы Аслæнбег. О, афтæ >нымайы алы советон адæймаг дæо. Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны сæраппонд мæлæтмæ кæй цыдис, уый алчи дæр нымадта йæ хæсыл æмæ уымæтт зæ- гъæм .ныртæккæ, диссагæй дзы ницы уыдис, зæгьгæ. Фæлæ лæмбынæг куы ахъуыды кæ’най, уæд стыр диссаджы хъæбатыр- дзинад равдыстой милуангай советон адæмтæ, ахæм æвирхъау цъаммар æмæ тыхджын знаджы кæй ныддæрæн кодтой, уымæй. Уыцы милуантæн та сæ хъæбатырдæртæй иу Аслæнбег уыдис, æмæ мæ уый тыххæй фæнды йæ хъуыддæгтæ радзурын. Плиты Грисы «А.вд цухъхъайы» чи бакаст, уый зондзæн, Фы- дыбæстæйы Стыр хæсты знаджы ныхмæ тохы чи фесæфт, уыцы авд æфсымæры хабар. Аслæнбегимæ дыууæ ’фсымæры цот уы- дысты. Хæсты размæ цардысты иу хæдзары, хъомыл кодтой уыцы иу уавæрты æмæ сæ зондахастьт дæр бирæ уыдис иумæ- йлгæй. Сæйрагдæр та — Райгуырæн бæстæйыл æнувыддз/инад. Фæлæ йæхи тыххæй ницы дзуры Аслæнбег. Йæ фырхæдæф- 208
сармæй. Æмæ нын, цæй, хъæбатыр хæстоны хабæрттæ йæ хæрзиуджытæ ракæнæнт. Хæрзиуджытæ та йæм ис дыууадæс. ...Подольскы æфсæддон училищейы ахуыр кодта Аслæнбег. Вирæ йæ нал хъуыд. Фæлæ хæст куы райдыдта, уæд курсант- тæн сæ арæхстджьшдæрты равзæрстой, лейтенанты нæмттæ сьш радтой æмгъуыдæй раздæр æмæ сæ æфсæддон хæйттæм арвыс- той. Аслæнбеджы снысан кодтой танкты дивизимæ, сгарджыты взводы командирæй. Знаджы 1ныхм.æ тохы фыццаг хатт æрлæу- уыд Ленинграды облæсты. Уый фæстæ йæ хæсты тымыгъ ахаста Калинины облæстмæ, Волоколамскы цурмæ, бæстæйы æндæр рæттæм. Фыццаг рæстæджы цалдæр хатты йæ взводимæ зна- джы «цæджы» дæр бахаудта, фæлæ^иу æй арæмыгътой. ...Декабры мæй. Сгарджыты къорд ацыд знаджы чъылдым- мæ, немыцаг танкты колоннæ кæм æрбынат кодта, уый базо- нынмæ. Ссардтой колоннæ. Аслæнбег фехъусын кодта, ахæм æмæ ахæм ран ныббырстмæ цæттæ кæньшц танктæ, зæгъгæ, йæхæдæг йæ адæмимæ æрæмбæхст колоннæйы цур. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ æрбайхъуыст сарма’дзаны нæмгуыты æхситт: махонтæ æхсын байдыдтой танкты колоннæ. Немыц фæсæлхæр- г-онд сты. Цалдæр танчы уайтагъд ныппырх сты. Сæрмагонд таппытæй æмæ гранаттæй танкты æхстой • сгарджытæ дæр. Колоннæ дæрæнгюнд æрцыд, ныббырстмæ йæ «нал рав- дæлд». Уыцы бон Аслæнбегæн фæцæф сты йæ къах æмæ йæ къух. Фæлæ цалынмæ йæ хæс сæххæст кодта, уæдмæ хæсты быдыр- æй йæхи ахæссьш нæ бауагъта. Бирæ нæ бафæстиат госпиталы. 1942-æм азы февралы фæн- дзæм бон та Смоленскы областы хæсты архайын байдыдта. Ныр ын йæ бæрны бакодтой ротæ. Уыцы ротæ немыцæй байста хъæу Александровкæ æмæ дзы æрфидар. Фæлæ хæст хæст у. Раст 'Сылгоймæгты бæрæгбоны — æстæм мартъийы та Гæздæ- ны фырт фæцæф. Госпиталы фæстæ йæ арвыстой десантон уæлдæр курсытæм. Каст куы фæци, уæд ын радтой хистæр лейтенанты чин, сны- сан æй кодтой лыжникты батальоны командиры хæдивæгæй Сæйраг Командæкæнынады резервмæ. 1 Уый фæстæ ссис æндæр батальоны командир. Ам йæ иу ро- тæйы командир разындис црауаг лæппу, капитан Баскаты Иван. Куыд нæ бацин кодтаиккой кæрæдзиуыл. Аслæнбегæн йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы бонтæ æмæ ДЗуры: • ’ . — Бирæ рæстæг нæ фестæм иумæ. Хъуыды ма йæ кæнын, аевдæм июны нæ батальонæн баргонд æрцыд немыцæй иу фидар байсьш. Бон-изæрмæ уыдис æвирхъау тыхджын хæст. Хатгай-иу адæймаг нал иртæста, махонтæй, мемыцæй чи кæм уыд, ■ уьгй, афтæ æддæг-мидæг-иу ауадысты. Сыгъдысты танктæ, сæ фæстæ тапиу ногтæ æрлæууыд. Бирæ фæцагъд адæмæй. Немыц нæ 14* 20Э
уæгъд кодтой сæ флдар бынæттæ, мах та сæ æнæ байсгæ на? уагътам. Изæрырдæм Баскайы фырт акъоппæй фæгæпп кодта, йæ ротæйы атакæйы акодта æмæ знаджы фидар ист æрцыд. Уыцы хъæбатырдзинады тыххæй Баскаты Иванæн лæвæрд æрцыд «Фыдыбæстæйы хæсты» фыццаг къæпхæны орден. Фæлæ йæ йæхæдæг нал адардта. Атакæйы цæугæйæ фæмард. Æз æм куы базгъордтон, уæд æгас нал уыд, йæ роныл та уыдис æртæ нæмыджы хуынчъы. Рахастам æй хæсты быдырæй. Дыккагбок æй кадимæ баныгæдтам уым, Курскы областы. йæ хæрзиуæг ын рарвыстой йæ мад Хадзыгуайы номыл. — Тынг хъæбатыр лæппу уыд Иван, — бафтыдта ма Аслæн- бег йæ ныхасыл, исдугмæ джихауæй аззайгæйæ. Уыцы фидар байсыны тыххæй — 22 аздзыд капитан, бата- льоны команлир Гæзгæнты Аслæнбег райста фьгццаг хорзæх ’— «Сырх Стъалыйы» орден. — Уымæй суанг Черниговы шг ахæм æвирхъау хæсты ни- куал бахаудтам, — зæгъы Аслæнбег, — немыц фылдæр лидзы- ныл архайдтой. Фæлæ та ам тынг ныффидар сты. Аслæнбеджы батальон- æн хæсгонд æрцыд Днестры сæрты бахизын æмæ уым æрфидар уæвын, цæмæй иннæ æфсæдтæ æдасдæрæй бахизой, уый тых- хæй. Æхсæвы тары батальон бæлæгътыл бахызт фаллаг фарс- мæ, былгæрон асыгъдæг кодта немыцæй. Нæ иннæ тыхтæ дæр уалынмæ æрбахызтысты æмæ ныццавтой знаджы. Гæздæны фырты батальон бацахста спъирты завод æмæ æфсæнвæнда- джы станцæ. Ам цы хæстон арæхстдзинæдтæ æмæ хъæбатыр- дзинад равдыста, уый тыххæй Аслæнбегæн лæвæрд æрцыд «Сырх тырысайы» орден. Æртыккаг хæрзиуæг — Александр Невскийы орден райста знаджы æфсæддон къорд Днепры был- гæрон ныппырх кæныны æмæ доны фаллаг фарсмæ бахизыны тыххæй. Карпаты хæхты Аслæнбег хæцыд дæлбулкъон Федорченкойы полчы. Ныртæккæ Федопче^ко кусы Цæгат Ирыстоны медици- нон институты. Гæздæны фырт дзы тынг æппæлы. Арæхстджын æмæ, дам, хъæбатыр командир уыдис. ...Плиты Иссæйы æфсæдты къорд уыдис знаджы чъылдым- мæ, Чехословакийы зæххыл. Полчы командир Аслæнбегаш бардзырд радта арæныл бахизын æмæ, бæхджын æфсæдты къордæй полчы æхсæч знагæн цы тыхтæ уыдис, уыдон ныд- дæрæн кæнын. Хъæу Шарбовойы цур бацайдагъ карз тох. Тынг хъæбæр лæу’уыд знаг. Фæлæ йæ ныссастой Гæздæны фырты хæстонтæ. Уыцы уæлахиздзинады тыххæй дæлбулкъон Федор- ченко æмæ капитан Гæздæнты Аслæнбег райстой Чехословаки- йы уæлдæр хæрзиуджытæ. , Уый фæстæ Аслæнбеджы батальон, танктæ йын æххуыс код- той, афтæмæй немыцæй суæгъд кодта ноджыдæр ма дыууæ 210
хъæуы, æмæ ма батальоны командиры риуыл фæзынд ноджьь дæр иу хорзæх — «Сырх Тырысайы» орден. Хæсты кæронмæ ’ввахс ма йын йæ бирæ сгуыхтдзинæдты тыххæй лæвæрд æрцыд Фыдыбæстæйы хæсты дыккаг къæпхæны орден, «Сырх Стъалыйы»орден, Чехословакийы )паддзахады зæр- дылдарæн майдан æмæ æндæр хæрзиуджытæ. Службæйæ ра- цыд хæсты фæстæ, дæлбулкъоны чины.
Созанаты Еличкæ ÆВДДÆСАЗДЗЫД ЧЫЗГ - ЛЕЙТЕНАНТ 1942 аз... Ростов. 56-æм скъола. Ам, скъолайы пъадвалы, ис сырхæфсæддонты къорд. Сæ фылдæр сты цæфтæ. Сæ уавæр ма сын .ноджы тæссагдæр кодтой, сæ сæрмæ уæладзгуытæ чи бацахста, уыдон — немыц. Кæд фæзындзæн æххуые? Цалныб- бырсты .ма бауромдзысты? — Нæ, ’цыфæндыйæ дæр бафæразыи хъæуы, — фидарæй загьта мед/ицинон кусæг, лейтенант Гæлуаты Тамарæ, æмæ йæ цæсг ахаста йæ хæсгон æмбæлттыл. Разылд цæф хæстонтыл, иæ мидбылхудтæй сын ныфс лæвæрдта. Хæцæнгарз ма чи фæрæзта, уыдон сæхи æрбацæуæнтæм байстой. Тамарæ бафæллад, тыххæй ма лæууы къæхтыл. Мæнæ фæ- цудыдта, цъусдуг æрбадт гилдзыты асыккыл: «О, мæнæ куыд тыпг бафæлладтæн?! Нæ, хъуамæ мæ мачи фена афтæмæй. Уæ- лæмæ, æмбал лейтенант!» Тамарæ сыстад, æрбалвæста фæтæн рон, йæхи адзæбæхтæ кодта. Цалдæр минуты, æрмæст цалдæр минуты адзæгъæл йæ ’мысинæгты. Афтæ фæзæгъынц, адæймаг, дам, мæлæты раз куы уа, уæд йæ цæстытыл ауайынц йæ рагбонтæ. Тамарæ та ацы зынсахаг уыдта уæлахизы тырыса æмæ фарста йæхи: «Цы бафтыд мæ къухы? Цы домы мæнæй мæ хæс...» Нæ, -мæлынмæ раджы у нырма, хъусыс, раджы! Нырма дыл æвддæс азы æххæстæй дæр ч\æ цæуы. Ма рох кæн: дæ сæрмæ бадынц лæгмартæ. Уыдонæй дæ райсын хъæуы дæ хæс, дæ æдзард æмгæртты туг. Ма фæс- мон кæн дæ цыбыр цардыл. Ды 17 азы фæцардтæ рæ- сугъдæй. Фæндыдис дæ дохтыр суæвын æмæ авд къла- сы фæстæ ахуыр кæнын райдыдтай медицинон техни- кумы. Хъуыдис ма дыууæ мæйы, стæй уæд — дохтыр 0,дох- тыр. Уый фæстæ та уæлдæр окъола... Фæлæ... ралæууыд 1941 азы сæрд... Зæхх хъæрзы лæбурджыты къæхты бын. Æнæвгъау æй къахынц минæтæ, бомбæтæ... Орджоникидзейы æфсæддон комиссариаты ’раз тымбылæй лæууынц фæсивæд, Тамарæйы æм- курсонтæ — иууылдæр бархионтæ сты. Сразы сты сæ фæндоныл, 212
æрмæст Тамарæйы нæ уадзьшц. «Нырма гыццыл чызг дæ, кæд техникум фæдæ каст, уæддæр. Цы кусдзынæ уым, фрсшты? Хъус-ма, Гæлуаты чызг, ацу уæхимæ», — загъта æфсæддон к-омиссар Шаров. «Нæ, æмбал майор. Разы -нæ дæн. Нæ баззай- дзынæн ме ’мбæлтты фæстæ. Ауадзут мæ». , ...Иу мæйы фæстæ уыд Ростовы. Ардыгæй райдыдта йæ хæ- стон фæндаг джызæйлаг чызгæн. Æрыгон лейте-нант, æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, тох кодта мæлæтимæ. йæ сау дзæмбытæй йын стыдта сæдæгай хæстонты цард... Хорз ма лæууы йæ зæрдыл, артиллерийы лейтенант Цориты Цæрай куыд фæмард, уый. Фыц- цаг хатт уæд йæ бон нæ бацис адæймаджы хъысмæт байсын. Карз ард бахордта уæд Тамарæ, æмæ йæ сæххæст кодта. Рай- ста йын йæ туг знагæй. ...Иуахæмы йæм фæдзырдтой. Тамарæ штабмæ куы бахызт, уæд йæ размæ радыдысты дыууæ афицеры. Иу æм дзы фæкаст ироны хуызæн. Чи зоны,æцæгдæр, ирон уа. Уалынмæ: — Æмбал лейтенант, мах дæм фæсидын кодтам. Фехъуыс- там ды.н дæ кой. Ирыстойнæгтæ стæм. Æз — Токаты Асæх, — загъта хистæр лейтенант æмæ ма, йæ фарсмæ кæстæр лейте- пантмæ ацамонгæйæ, йæ ныхасыл бафтыдта: — Мæнæ уыйтау мæ украинаг æрдхорд Гайдук... ...Мах Тамарæйы ацы ныхæстæ нæ зæрдыл бадардтам æ<мæ, фадат куы фæци, уæд бафарстам фыссæг Токаты Асæхы, ахæм æмæ ахæм ирон чызджы .нæ хъуыды кæ’ныс, зæгъгæ? Асæх иттæг æхсызгонæй æрæмысыд ирон чызджы. — Тынг æрыгон æмæ тьшг ныфсхаст уыдис Тамарæ. Хъуы- ды .ма кæнын: хæсты быдырæй-иу цæф æфсæддонты рахаста, бирæты фервæзын кодта «мæлæтæй. Йæ хорзы кой йьш фехъуыс- тон æмæ йæ агургæ дæр уый тыххæй бакодтон уæд. Фæстæдазр уæззау цæфтæ фæци. Кæд мæ мæ хъуыды нæ сайы, уæд ын ор- ден дæр радтой уыцы рæстæт... Цыфæнды хорз ныхæсты аккаг дæр у Тамарæ. — Дохтыр, дохтыр!—Тамарæ фесхъиудта, фескъуыд йæ сæнтты хал, ныссуйтæ. Цæсты фæныкъуылдмæ алæууыд цæф командиры раз. Фæхудт .йæхиуыл, æмбæлттæ дзы кæй айрох сты, уый тыххæй. Дзуры сын: «Чысыл-ма бафæразут, хæлæрттæ, æххуыс тагъд уыдзæн. Хъусут? Тагъд. Ныр æртæ €.мæ ссæдз са- хаты стæм ацы ран, иу сахат ма бафæразæм, стæй нæмуæдзын- Дзысты нæхионтæ. Ма ’руадзут уæхи, знаг нæ хъавы ам ныххуы- Дуг кæньшмæ, фæлæ уый н,æ уыдзæн...» Ныккæндмæ æрбацæуæнты оæ фæстаг гилдзытæй фашист- тыцавтой сырхæфсæддонтæ. Уалынмæ — тыхджын «Ура!» Сармадза,нты бо1гъ-.богъ, автоматты, топпыты хъæр баиу сты. Уый нæхионтæ фæзындысты æххуысмæ. Мæлæтдзаг цæф ньжкодтой з.нагæн. Скъола та ногæй байстой фаш.исттæй. Пъад- валы дуæрттæ фегом сты, æмæ дзы цух-мухтæгæнгæ рацыды- сты цалдæр хæстоны. Тамарæ фæцис уæззау дæф. Уæраджы сæрмæ зæнджы 213
стæг ныммур. Райгуырæн Ирыстон... Æфсæддон рынчындон.., Куы сдзæбæх, уæд та ацыд хæцæг æфсадмæ. Сси санита- рон взводы командир., Ам дæр та лейтенант Гæлуаты Тамарæ ;равдыста лæгдзи- над. Цал æмæта цалæйбаззад арфæгондæй. 1943 аз... Сентябрь. Ацы мæй æвзонг чызджы царды ныууагьта æнæбайгасгæн- гæ ^ъæдгом... Уæззау цæф та фæци. Нал дзырдта, <нал хъуыста. Фæхъыгдард сты цæстытæ дæр. Ацы хатт нал æрбаздæхдзæн рынчындонæй, уый уыдис фæста>г тох джызæйлаг чызгæн...Тынг зынтæй бафтыд дохтыры къухы лейтенанты фервæзын кæнын- Бирæ операциты фæстæ сдзырдта ногæй, рахызт хуыссæнуа- тæй. Ракæсын кæнын æй хъуыд йæ цæстытæй дæр. Æ^мæ æх- хæстэай ,нæ, фæлæ уый дæр бафтыд нæ дохтырты къухты... Гæлуаты Тамарæйæн йæ хъæбатырдзинады тыххæй лæвæрд юрцыд «Сырх Стъалыйы» ордён æмæ æртæ майданы. Ныртæккæ раздæры хæстон кусы Орджоникидзейы куыр- мыты æхсæнады æрмадзтæй иуы. У раззагдæртæй. йæ хæслæ- вæрд æххæст кæиы алы мæй дæр 120—125 процентæй. Стыр кад ын ис йе ’мбæлтты ’хсæн.
Лсаты Реуаз МÆЗДÆДЖЫ ЦУР ТОХТЫ Иу æмæ дыууæ хатты нæ ныннæрыдысты топпы гæрæхтæ Боржомы рæсугъд кæмтты. Уыдонæй .иу ныййазæлыд 45 азы размæ Цъагъверы хъæуы. Фæлæ ацы хатт цуанон мыййаг нæ фехста. Уыцы аз лæппу райгуырдис Гелашвили Солойы хæдза- ры. Куывд сцырын. Сæвæрдтой йыл ном Володя йæ ньшйа- рæджы фæндæй. йæ мад та уыдис уырыссаг (Бражникова Ев- гения — Боржомы тобæгонд хъæдхъахъхъæнæг Егоры чызг). Цъагъверьг хуымзæххытæ нæ уыдис. Адæмæн сæ сæйраг куыст уыд хъæды куыст. Уымæ гæсгæ Володяйы фыд Соло уал- дзæгæй суанг фæззæгмæ хуымкæныны, тауыны, рувыны, хуым кæрдыны куыст кодта Картлийы, Хашуры районы Никъортийы хъæуы. Зымæгваг-иу йæ бинонтæн Цъагъвермæ схаста хор æмæ та афтæ иннæ аз дæр... Æнæниз, онгрог æмæ хъæлдзæгæй рæзтис чысыл Володя. Фыд-иу хуым кодта, гутондар уыдис, уый та галты æфсондзыл бадтис æмæ сæ йæ цъæхснаг уисæй скъæрдта. Рæстæджытæ ивтой. Фидарæй-фидардæр кодта Советон хи- цауад. Царды рухс бакастис Боржомы кæмтты цъассытæм дæр. Гелаытилиты бинонтæ быдырæй бынтондæр хохмæ алыгъдыс- ты æмæ сæ райгуырæн хъæу Цъагъверы æрцардысты. Сæ хъæуы сырæзт колхоз. йæ активондæр аразджытæй сæ иу уыдис Соломан. Уый колхозы фермæйы кусын райдыдта фиййауæй. Фосимæниу сæрвæттæм акодта йæ фырты, æнæзивæ- гаей йын здæхта фос. Фыд ыи арæзта уадындзтæ æмæ иу-дзы заердæргъæвД лæппу цагъта цавæрдæр рæсугъд гуырдзиаг зар- Джыты мелодиты скъуыдазæгтæ. Диссаджы рæсугъд тар хъæ- Ды Цынæрæсугъд мæргътæ ратæх-батæх кодтой! Хъуыста сæм 215
сонт суинаг гуырд. Уыцы зарджытæ йæ хъусты зæлыдысты райсомæй суанг изæрмæ. Цъагъвермæ æввахс цардысты ирон хъæутæ — Бакъуриан æмæ Гудзаретгомы. — Мæ зæрдыл ма лæууы, — æрымысы ныртæккæ Влади- мир Гелашвили,— махмæ арæх уыдис гудзареттаг Цъинубаны хъæуæй иу зæронд лæг Уалытæй. Йæ ном Бидзи хуындис. Мæ фыдæй загъта натлиа æмæ диссаджы адджьш цардысты. Уæд Цъинубаны скъола нæ уыд. йæ фырты фырт Уалыты Ердийы махмæ ’ркодта æмæ иумæ ахуырмæ бацыдыстæм Цъагъверы скъоламæ. Ерди махмæ фæцардис, иу хæдзары бинонтау (ныр- тæккæ у республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг æмæ кусы Знауыры астæуккаг скъолайы). Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тæккæ размæ аз Володя Гела- ШВ.ИЛИ æнтысгæйæ каст фæцис астæуккаг скъола сæ хъæуы. Цыдис ыл уæд 17 азы. Кусын райдыдта колхозы. Æцæг у, йæ фындзы бын фæсауммлтæ, фæлæ йæхи дасгæ дæр нæма кодта, йæ фыдæй æфсæрмы кодта. Фæлæ йæм æфсæддон коммисари- атмæ куы фæсидтысты, уæд ма йын цы гæнæн уыд, — йæ бе- цыкк дæр ма йын алвыньш кодтой. Æрсиддонтæн амыдтой æф- сæддон хъуыддаг, дисциплинæйыл сæ цайдагъ кодтой. «Уый хорз зонд-зонæн скъола уыд æвзонг фæсивæдæн. Æхс- там ахуыргæнæн мигæнæн, «Геко» кæй хуыдтой, уымæй. Æмæ нæ стæй уыдæттæ бакъуыдысты лæгæвзарæн тохы», — æры- мысыд та Володя. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Йæ нæрын æрбай- хъуыст Боржомы коммæ дæр. Хæстмæ, хæххон фурды зиæт улæнтау, раивылдысты фæсивæд. Сабыр, фæллайы зарджыты бæсты кæмттæй айхъуыстысты тохы, фæдисы зарджытæ. 1942 аз. Уалдзæг. Марты мæй. Цæуы фæндагыл Володя дæр. Йæ зæрдæйы ныххаудта уарзон фыдыбæстæйы мæт, йæ адæмы сомбоны хъысмæт. Мæнæ æфсымæрон Дагъыстаны хæх- тæ. Ныххæццæ горæт Буйнакскмæ. Уым арæзт цыдысты сом- боны 414-æм гуырдзиаг иационалон дивизийы дæлхæйттæ — взводтæ, ротæтæ, батальонтæ, полчытæ. Æвзонг лæппу скодта фыццаг æфсæддон дарæс. Бахаудис минометон ротæмæ. Рæс- гæг уыдис æндыгънæг æмæ хæстонты хъуыдис æрæмбырд кæнын æлпæт сæ тыхтæ. Хъуыдис ахуыр æмæ ахуыр. Уы- дон æмбæрстой — цас фылдæр зоной, хуыздæр арæхсой, хæ- цæнгарзимæ, уыйбæрц сын тохы уыдзæнис æнцондæр, уъг дзысты фæразондæр æмæ ныфсхастдæр. Рацыда цасдæр рæстæг. Владимир Гелашвили 82 милиме- тры М|Инометæй ссис дæсны æхсæг. Снысан ма йæ кодтой ротæ- йы политрукы хæдивæгæй, уыйæмрæстæджы ссис ротæйы къу- хæйфысгæ газет «Хæстон сыфы» редактор. Уый уыдис гуыр- дзиаг æвзагыл, дивизийы хæстоетæ гуырдзиæгтæ кæй уыдысты^ уымæ гæсгæ. 216
«Иу бон, дын, газеты фыццаг номерыл куы куыстон,— дзу: ры Владимир Гелашвили, — уæд мæм æрбацыд бæзæрхыг, цъæхцæст æвзонг лейтенант. Æркæстытæ кодта «Хæстон сыфы» æрмæджытæм. Се ’хсæн æмдзæвгæтæ куы федта, уæд мæ афар- ста: Кæй фыст у? — Уый... уый ме ’мдзæвгæ у, æмбал лейтенант, — загътон ын æз æфсæрмдзæстыгæй. Ныхас нæм æрхаудта, сывæллæттæн чи фыссы, уыцы гуыр- дзиаг фысджытыл. — Сывæллæтты фысджытæй искæй зоныс? — афарстата мæ лейтенант. — Мариджан, Илья Сихарулидзе, Сандро Жгъенти... Æмæ Сандройы иокуы æввахсмæ федтай? — афарста мæ æв- зонг лейтенант æмæ, цыма йæ уадултæ чысыл фæсырхбын сгы, афтæ мæм фæкаст, йæ цъæх цæстытæ цæхæртæ скалдтой. — Æз Сандро Жгъентийы уацмыстæ кастæн, фæлæ йын йаахи никуы федтон,—дзуапп радта æвзонг салдат. ’ — Уæдæ, мæнæ дæ разы лæууын, — уый уыдис 414-æм ди- визийы 1371 æхсæг полчы командиры адъютант. Уый фæстæ æвзонг лейтеыант æмæ салдат схæлар сты æмæ кæрæдзмйыл арæх æмбæлдысты. Иухатт тохы быдыры Сандро Жгъенти хъæбатырæй мард куы фæцис, уæд ын йæ планшеты осардтой фыссæн чиныг. Уым фыста йæ хæстон бонæг, йæ то- хы фæндаг, Советон Æфсады хъæбатыр афицертæ æмæ хæс- тонты сгуыхтдзинæдтæ. Фыосæджы бонæг хæсты фæстæ мыхуы- рæй рацыд Тбилисы, хæстæй чи нæ уал æрыздæхт, уыдон иу- миаг æмбырдгоид «Дзурынц фæмардуæвæг хъайтартæ», зæгъ- гæ, уым. Уый фь1осы Владимир Гелашвшшйы тыххæй дæр: «Æнæхъæн æхсæв хъуыстон, Володя Гелашвили кæм службæ кæны, уыцы ротæйы минометон æхсты гæрæхтæ. Зо-4 нæнтæ райстам, уый цы минатæ фехста, уыдон комкоммæдæр нысаныл кæй сæмбæлдысты, уый тыххæй. Хуыздæр фæу, Во- лодя! Лæппуты раз дæ ардбахæрд нæ фæмæнг кодтай!..» 1942 азы 1-æм майы рацыдис дивизион газет «Самшоблос дамцвели» («Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнæг»,) зæгъгæ, уый фыццаг ломер. Уым мыхуыр æрцыдис Володя Гелашвили- йы уац «Ардбахæрд». Уыцы бонæй фæстæмæ газеты арæхæй арæхдæр зындысты æвзонг авторы æмдзæвгæтæ, уацтæ æмæ Уыдонæй дæр нæ хæстонты ра^зæнгард кодта немыцаг-фа- шистон тыхæйисджыты ныхмæ хъазуат тохмæ. Газеты редак- тор уыдис, ныртæккæ зынгæ журналист, Арчил Къокъилашви- ли. Уымæ абон дæр æвæрд сты уыцы газеты бæзджын къомп- лекттæ æмæ сæм чи ’ркæсы, уый цæстыты раз нæ хæстонтæ слæууынц, куыд легендарон хъайтартæ, афтæ. Уыдон мидæг æнæуæлдай ахорæнтæй бæлвырд-бæрæгæй æмæ ирдæй зыны 217
советон хæстонты диссаджы удыхъæд, æхсар æмæ лæгдзинад сæрбахъуыды бон... . — Æз дæр æрвыстон хæсты быдырæй мæ фыдмæ, Цъагъ- вермæ, мæ уацтæ æмæ ’ме ’мдзæвгæтæ цы газеты мыхуыр уы- дысты, уыдон, фæлæ хæсты æвирхъау рæстæджы гæххæтт нæ уыд æмæ сæ тамако тыхта æмæ сæ афтæмæй сыгъта. Уый йед- тæмæ æз мæ фыдæй иу схуыст дæр нæ зонын, фæлæ йын. мæ газетты «маст никуы ныххатыр кæндзынæн», — фæстагмæ хъа- зæгау бакодта Владимир Гелашвили (æниу, æвæдза, уыцы хъазты æцæгдзинад дæр уыд). Бирæ хæстон эпизодтæ уыдис Владимиры гуыргъахъ тохы фæндагыл. 1942 азы райдианы немыцаг тыхæйисджытæ дард-' дæр размæ бырстой Сталинграды, Мæскуыйы, Ленинграды æмæ Кавказы ’рдæм. Хуссар фронты æрбацæйхæццæ кодтой Ростовы онг. 414-æм гуырдзиаг æхсæг дивизи (йæ командир уыдис .ныртæккæйы отставкæйы инæлар-майор Хъурашвили) фæцагайдта г-орæт Буйнакскæй æмæ сæрды тæккæ тæмæны фистæгæй бахæццæ сты Грознæмæ, Терчы доны былмæ. Фыц- цаг æхсты гæрæхтæ фехъуыста Владимир Гелашвшш йе ’мхæс- тонтимæ станицæ Ищорская, зæгьгæ, уый сæрыл тохты. Немыц «се ’фсад æрбакалдтой Терчы галиудонбылгæронмæ. Фурды рахиз донбыл та лæууыдьюты махонтæ. Уым нæ æрыййæфта Сæйраг хистæркомандæгæнæджы зынгæ бардзырд: — Фæстæмæ иу къахдзæф дæр лæ! Уымæн стыр нысани- уæг уыдис æнæхъæн фронты. Нæ хæстонтæ ноджы тынгдæр сразæнгард сты цыфыддæр знаджы ныхмæ мастисæн æмæ туг- калæн тохмæ." Уыцы дуджы та дивизион газеты фæрстыл фæзындис æв- зонг «поэт-хæстоны патриотикон æмдзæвгæ «Кæнæ мæлæт кæ- нæ уæлахиз!» Ныр дивизийы хæстонтæ фанеркæйæ æмæ гæххæттæй ны- санмæ æхсыны бæсты сæ хæстон дæсныйад æмæ цæттæдзинад фæлвæрдтой удæгас знæгты— гитлерон сырдты комкоммæ æх- сынæй. Станицæ Ищорская, зæгъгæ, уымæ æввахс æфсæнвæн- дагон буткæйы цур айтыгъдис хъæды къох. Ардыгæй Терчы фаллаг фарсмæ æхстой йæ минометчиктæ немыцæгты хъахъ- хъæдад. Развæдагурджытæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ныхмæлæууæгыл кæд стыр зиæнттæ цæуы, уæддæр йæ позици- тæй йæ зæрды фæстæмæ къахдзæф акæнын дæр нæй. Артиллерио,н æмæ минометон æхсты фæстæ нæ фисгæг æфсад хизын райдыдтой Терчы сæрты. Хинæйдзаг знаг сы- быртт нæ кодта. Æввахс сæ бауагътой немыцæгтæ, стæй сыл ихуарæгау (Нызгъæлстой нæмгуытæ. Пулеметтæ æмæ автоматг тæ къæр-къæр кодтой, ныббогъ кодтой сармадзантæ æмæ ми- наметтæ дæр. Уыцы тохы ыыв иæм Терчы ацы фарс хъæды къохæй зындис, армытъæпæнау. Æмæ кæд махонтыл цъус з’иæнттæ не ’рцыд, уæддæр сæ позици нæ радтой, удæгас ма сæ 218
чи баззад, уыдон, æрфидар сты доны фаллаг фарс, знаджимæ тох куы сцырын, уæд. Мах артиллеристтæ уыцы, рæстæджы ба- нысан кодтой немыцы тæссаг зынгон тæппытæ, стæй сæ уди- сын нæ бауагътой махонтæ, афтæмæй та сыл ныккалдтой но: гæй. Немыцæн сæ сæр уæлæмæ сисыны фадат нал фæцис æмæ уыцы рæстæджы доны фаллаг фарсмæ Х1изын райдыдтой æх-; хуысмæ нæ дивизийы иннæ дæлхæйттæ. Знаг йæ бынатæй фег- гуырсти, фæстæмæ алæууыд, тохы быдыры бирæ мæрдтæ æмæ хæстон техникæ ныууадзгæйæ. Нæ м-инометчиктæ дæр размæ ацыдысты æмæ ныр гом по- зицитæй знаджимæ кæрæдзиуыл комкоммæ (нызгъæлстой, дуэлæй æхсæгау. Уыцы тохы Владимир Гелашвили рог цæф фæцис. Йæ цæф æнгуылдз бабæттын кодта медицинон хойæн æмæ та дарддæр тох кодта. Æнæхъæн фронтыл райдыдта размæбырст. Бырста гуыр- дзиаг дивизи, лæгæрстой сыхаг дивизитæ æмæ корпустæ. Нæ хæстонтæ >сæ зæрдыл дардтой бардзырд «Иу къахдзæф дæр фæстæмæ нæ!» — Мæздæгмæ куы баввахс стæм, тюзицитæ куы бацахстам, — æрьшысыд та Владимир Гелашвили, — уæд нæ фæстæ ’рба- лæууыдьюты цахæмдæр æ.нахуыр машинæтæ. Уæд мах фыццаг хатт фехъуыстам «Катюшæты» залп. Уыдис æхсæвыгон æмæ советон минæтæ, абоны ракетæтау, цæхæркалгæ куы тахтысты, \æд диссаджы рæсугъд зындысты. Сæ тыхджын срæмыгъды улæн хæццæ кодта немыцæгты позицитæй суанг мах онг. Зæхх æнкъуысти. Цас ныфс æмæ цас хъару æфтыдис нæ хæстонтыл! Уый уыдис уæлахизы размæбырсты райдиан! Мæздæгмæ цæугæйæ, нæ хæстонты бахъуыдис змисджын 4 гыгъд быдырты фистæгæй цæуын, сæ минометтæ райхалын ашæ сæ се ’ккой Хайгай хæссын, хæцæн æрмæджытæ æнтъу хын. Уый зын уыдис, тынг зын, кæй зæгъын æй хъæуы. Уымæн æмаз махонтæм бæхуæрдæтты йедтæмæ автомашннæтæ нæ уы- дис. Уыцы дардыл тыгъд быдыры хæснагæн иу бæлас дæр нæ федтаид лæг. Тæвды, æнæдон, фылдæр хатт æиæхæлцæй тыхс- тысты нæ салдæттæ. Фæлæ «Катюшæтæ» æмæ бардзырд «Иу къахдзæф дæр фæстæмæ <нæ!» сæкуыст кодтой. Уыцы зын уа- вæрты, гæнæ^н цæмæн нæ уыд, уый дæр арæзтой нæ разæнгард хæстонтæ æмæ сæ командиртæ. Ныр фыдызнаджимæ, зæхх æмæ арвы ’хсæн, быдыры кæ- рзедзи хорз æвзæрстой. Уæлдæфы хъуыстис бомбæты зæрдæ- халæн æхаитт. Зиæнттæ цыдис махонтыл дæр æмæ знагыл дæр. Знаг фæстæмæ лæууыд, махонтæ размæ бырстой. Æмæ уыцы æхсты уадтымыгъы зындис Владимир Гелашвилийы минометы штрихты фæд дæр. Карз тохтæ сцырьш стьг Мæздæджы цур. Ныхмæлæууæг цыфæнды аргъæй дæр хъавыдис уым æрфидар- уæвын æмæ <ногæй размæбырсты рацæуын. Фæлæ йæ фæндтæ иæ хъуыры фæбадтысты. Уыцы карз тохты Вл. Гелашвили 219
сармадзаны нæмыджы схъистæй уæззау цæф фæцис 1942 азы; 26-æм декабры. Хæстон госпиталы 1943 азы 1-æм январы фехъуыста, Со-^ ветон Æфсады хæстонтæ Мæздæг кæй систой, уый. Уый уыдио нæ Райгуырæн бæстæйæн ногазон лæвар нæ хæстон-бæгъа- тыртæй. Тохвæлтæрд хæстон, Владимир Гелашвили, йæ цæфтæ нæ~ ма сæндидзыдтой, афтæмæй 1943 азы госпиталæй æрыздæхт йæ райгуырæн Боржомы коммæ. Хæст уæззау фæд ныууагъта Гелашвилийы бинонтыл дæр — тохы быдыры мард фæцис йе фсымæр Георгий. Знагыл бынтон фæуæлахизы хъуыддаг удуæлдай (куыст. æмæ фæллой домдта фæсчъылдым дæр. Цасдæр рæстæджы фæстæ зноны хæстон кусын райдыдта Боржомы районон газе-^ ты редакцийы бæр’нон секретарæй. Йе ’ккой цы хæстоны хы- зын æрхаста, уым йæ фронтон æмдзæвгæтæ æмæ очеркты ’хсæн уыдысты Советон Цæдисы Коммунистон партийы рæнхъытæм бацæуыны тыххæй йæ хæстон æмбæлттæ-коммунистты къухæй фыст рекомендацитæ (кæй фæцæф ис, уымæ гæсгæ йын нал фæцис фронты партийы рæнхъытæм бацæуыны фадат. Фæлæ 1945 азы, немыцаг-фашистон æфсадыл фæуæлахизы аз, Рай- гуырæн Кавказ хъахъхъæнæджы йе ’мзæххонтæ скодтой ком- мунисты кадджын ном хæссыны аккаг). Стæй раразмæгонд æрцыд гуырдзиаг республикон газет «Коммунистийы» сæрма- гонд уацхæссæгæй Боржом, Хашур æмæ Карелы районты. 1946 азы Владимир Гелашвили æрцыдис Хуссар Ирыстон- мæ. Иудзæвгар фæкуыста «Коммунисти»-йы корреспондентæй областы. Уый фæстæ раразмæгонд æрцыд областон газет «Сабчъота Осети»-йы редакторы хæдивæгæй. Аст азы фæкуыс- та уыцы газеты бæрнон редакторæй. Фæсаууонмæ каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединститут. Цалдæр хатты æвзæрст æрцыд Гуырдзыстоны Компартийы Хуссар Ирыстоны обкомы бюройы уæнгæй, фæллойгæвджыты депутатты облас- тон Ооветы депутатæй. Хъызлары фысгæстæм цæугæйæ, иу æмæ дыууæ хатты нæ азылд Мæздæгмæ æввахс йæ иухатты тохы бынæттыл. Æмæ сыл æмдзæвгæтæ дæр ныффыста. Мазнæ дзы сæ иу: «Ищорская... Ам иухатт цыд фыдкарз тохтæ. Фыдызнагмæ Бырстой хъазуатæй махонтæ... Фæсхохæй æз Æрцыдтæн ногæй а-бæстæм Æмæ кæсын: • Дæрдтыл ивæзт — йæ къаба^зтæ. Цæуын, æмæ [ 220
Мæ цæстыл уайынц гутæттæ. Цы уыньин уый? — Дыууæ лулæйы къутæрты... Фæллад фыййау Уыдта, кæмдæр, адджын фынтæ. йæ дæлфæдтæм —- Уым йе ’фсæдтон цырыхъхъытæ, Æмæ, дам, æм Кæд лулæтæ фæкастысты, Кæд сармадзаны лулæтæ. Сæ сау хъустæ Мæнмæ къæппдзыхæй кастысты... Мæ зæрдæ дæр Фæсабырдæр йæ цæвынæй: Нæ фыййау, дам, Куы райхъал уа йæ тарф фынæй... 1962 азæй абоны онг Владимир Соломаны фырт Гелашви- ли кусы ГК КП Хуссар Ирыстоны областбн комитеты дыккаг секретарæй. Уый у Гуырдзыстоны ССР Сæйраг Советы VI æмæ УИ-æм æрсидтыты депутат. Бæрнон партион, паддзаха- дон æмæ æхсæнадон куысты уæлдай раздæры хæсгон кæны активон сфæлдыстадон куыст дæр. Уый у ССР Цæдисы фыс- джыты æмæ журналистты Цæдисы уæнг, æмдзæвгæтæ, поэмæ- тæ, радзырдтæ æмæ очеркты 17 æмбырдгонды автор. Ирон æвзагмæ тæлмацæй Хуссар Ирыстоны рауагъдады мыхуырæй ращыд йе ’мдзæвгæтæ æмæ кадджыты чиныг. йæ хæстон æмæ фæллойадон сгуыхтдзинæдты тыххæй Вл. Гелашвилийы Советон хицауад схорзæхджьш кодта «Фæллойа- ды Сырх Тырысайы» æмæ «Фыдыбæстæйон хæсты» И-аг къæп^ хæны ордентæй, стæй цалдæр медалæй.
Цхуырбаты И. Н. УЫИ АУАГЪТА БЕРЛИНМÆ ФЫЦЦАГ НÆМЫГ 1945 азы 20 апрелы советон стыр сармадзанты 1112 полк, æрьшцад, Берлины алыварс цы асфалтфæндаг ис, уымæн йæцæ-, гаттаг секторыл Меровы районы. Полкæн хæсгонд уыд Берли- ны Фридрихсбергы станцмæ сармадзантæй залп радтын. Фыц- цаг æхст фæкодта полчы фыццаг дивизионы командиры хæди- вæг /гвардийы майор Геладзе Раздены фырт Леуан. Уый диви- зион фондз минуты Берлиныл æнæрынцойæ уагъта снариадта\ Знаг йæ ахстоны .мæлæтдзаг тох кодта алы хæдзары дæр. Леуа- ны дивизион уынгты комкоммæ сармадзанæй цагъта гитлерон- ты. Уæлдай карз тох самадтой Линтенштрассы, уым 300 фаши-. сты хъавыдысты советон хæстонтыл æрхъуламæ, фæлæ сæхæ- дæг цагъд æрцыдысты. Дыккæгæм майы 1945) азы Геладзейы полк фæцис хæстон архайдтытæ Берлины. Берлинмæ бацæуæнты æмæ уынгон тохты Геладзе равдыс- та хъæбатыр афицеры намыс. Уьтй арæхстджынæй мобили- заци кодта æнæхъæн дивизионы хæстонты, командирты бардзырд- тæ рæстæгыл æххæсткæнынмæ, салдæтты разæнгард кодта йæ- хи хъайтарон цæвиттонæй. Берлины горæты уынгон тохты Леуаны хæстонтæ скуынæг кодтой иу батальоны бæрц знаджы фистæг æфсадæй, ныппырх кодтой дыууæ минаметон батарейы, бирæйон 8 нæмыгзгъа- лæн тæппы æмæ ф,æстæмæ аппæрстой гитлеронгы дыууæ контр- атакæйы. Уыцы хъайтар тох сор’’анизаци-кæныны сæраппонд Геладзе хорзæхджын æрцыд «Сырх Тырысайы» орденæй æмæ «Берлин сисыны тыххæй» медалæй. ’, Берлины агъоммæ тохты дæр Леуан равдыста йæхи хъæба- тыр хæстонæй. Иу джебогъон тохы Леуаны фæцæйахста фаши- 222
стон салдат, Леуаны бæх йæ фæстаг къæхтыл фæлæууыд æмæ йæ барæджы бæсты бæхы риуы ацыд нæмыг. 1946 азы Сæйраг Советы æвзæрстыты бон Геладзе Леуан уыд Берлины æфсæддон æвзарæн фадыджы хистæр. Уым фыц- цаг хъæлæс радта Советон Цæдисы маршал Жуковæн, уый зæр- диаг арфæ ракодта Леуанæн. Геладзе Л. Р. гёæ хъæбатырдзина- дытыххæй 8 хатты райста паддзахадон хорзæхтæ. Уый райгуы- рдис Цхинвалы, 1906 азы, каст фæцис Цхинвалы гуырдзиаг æнæххæст астæуккаг скъола æмæ Тбилисы Кусфэх. Иу цалдæр азы Леуан фæкуыста ахуыргæнæгæй Хуссар Ирыстоны хъæутьь уыдис Куртайы хъæусоветы хистæр дæр æмæ цалдæр азы та колхозы сæрдар. Уый фæстæ Геладзе раразмæгонд æрцыд Хус- сар Ирыстоны областон тæрхондоны коллегимæ, уырдыгæй ацы- дис Фыдыбæстæйон хæстмæ.1946 азы куы æрыздæхтис Цхин- валмæ, уæд та кусын райддыта областы тæрхондоны. Леуан трагикон æгъдауæй мард фæцис 1964 азы.
Дзигойты Георги ÆРТÆ ЗЫНГХУЫСТЫ Æркæс-ма, дæ хорзæхæй, кæй зæрдæ нæ барухс уыдзæн ацы лæппуты къамтæй? Чи нæ зæгъдзæн-* «Тæхуды, сымах чи ныййардта æмæ уæ чи схъомыл кодта...» Ацы лæппуты хуызтæ фенгæйæ, кæм уыдзæн ахæм чызг, æмæ йæхимидæг чи нæ мыккæрза, йæ сау къæлæт æрфгуытыл бæрзонд чи нæ схæца, йæ хъоппæг цæстытæй сæм хæлæфæй чи нæ ныккæса æмæ афтæмæй чи нæ зæгъа; «Тæхуды, сыма~ хæй исчи мæ номыл усгур мæ ныййарджыты къæсæрыл куы балæууыдаид»... Гъæй-джиди, уыдон райгуырдыл стыр цинты куы ныгъуыл- дысты æрмæст сæ ныййарджытæ нæ, фæлæ сæ хъæу, сæ ком- бæстæ! Лæппуйы хуынтæ куы хастой æгас хъæубæстæ æмæ хæстæджытæ Хуссар Иры Ортъеуы хъæуы Годжыцаты Къола- йы хæдзармæ. Лæппуйы куывдтæ куы кодтой сæ ныййарджы- тæ, уæд, куыд нæрыд стыр циндзинад фæндыры хъæр æмæ къ^/хæмд^æгъдимæ! Куыд-иу ныззылдысты уыдон дæр хъазты астæу иумæ! Годжыцаты К’ьола æмæ Любæйы стыр цин уыдис 1920 азы. Уæд сын райгуырдис сæ хистæр лæппу Яшæ. Уый фæстæ, 1921 азы — Вася, æмæ 1925 азы та — Мишæ. Æртæ ’фсымæры дæр куыдхистæрæй ахуыр кæнын райдыдтой Уанаты скъолайы. Уд æмæ цæст уыдысты Къолайы зæнæг ахуыр æмæ фæллойы. Уыдон, сæ сомбоны цардмæ тырнгæйæ, иу къласæй иннæмæ хызтысты (иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Уанаты скъолайы фæстæ Яшæ ацыдис Сухуммæ æмæ уым ахуыр кодта арæзтадон техникуымы æмæ йæ фæцис иттæг хорзæй 1936 азы. Уый фæстæ æрцыд æмæ арæзтадон техникæй куыста Цхинвалы. Куыд радис æвзонг лæппуйы зæрдæ йæ куыстмæ. Куыд æнувыд уыдис горæты рæзтыл! Уый-иу йе ’мбæлттæн арæх дзырдта: — Нæ горæт дидинæг æфтауæн фæндагыл нырма æрæджы йыллæууыдис. Уый ма цалдæр азы размæ горæты хуыз æххæс- 224
ГОДЖЫЦАТЫ ÆФСЫМÆРТÆ Яшæ Вася Мишæ 225
тæй не ’вдыста. Ныр æй аразæм мах, нæхæдæг, æмæ адæймаг йæхи къухтæй, йæхи хидвæллойæ кæй аразы, уый йын кæд- дæриддæр вæййы æхсызгон, æппæтæй зынаргъдæр æмæ уар- зондæр. Ахæм зæрдæйы æнкъарæнтимæ нæ горæты арæзтадыл куыста æртæ азы бæрц æвзонг техник Годжыцайы фырт. Уый фæстæ 1940 азы уымæ фæсидтысты æфсадмæ. Службæ кодта Латвийы. Æфсады дæр йæ хъуыдыйæ нæ хицæн кодта арæзтады хъуыддаг. Уый хъуыды кодта, зæгъгæ, æфсадæй куыддæр ссæ- рибар уон, афтæ æрцæудзынæн мæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ та райдайдзынæн стыр арæзтады кусын. Суыдзынæн арæзтады инженер дæр. Фæлæ цардмæбæллæг æшонг Яшæ- йæн йæ хъуыдытæ хъуыдытæй баззадысты. Æмæхсæвæджы нæ Райгуырæи бæстæйы сæрмæ сæвзæр- дысты сау мигътæ. Арв æмæ зæхх æмризæджы рызтысты. Зил- гæ доны хуыдымы адæймаг куыд фæхуыдуг уа, афтæ æвип- пайды бахауд Годжыцайы фырт дæр хæсты гуылфæнты. Æвиппайды, æппæты фыццаг Ортъеуы коммæ Годжыцаты Яшæйы номыл æрцыдис сау гæххæтт. Дыууæ къухæй хостой йæ ныййарджытæ Къола æмæ Любæ сæ сæртæ. Сæ цæсты бын тæ нæ сур кодтой йе ’фсымæртæ Вася, Мишæ æмæ сæ хо Асиатæн. Рыст æдзухдæр ныййарджыты зæрдæ. Йæ, райгуырдыл фыццаг цин кæй тыххæй фæкодтой, хъæбулы уарзондзинад кæмæй базыдтой, уый сын ныр сæ зæрдæты цъæх арт суагъ- та. Фæлæ-иу уæддæр сæхицæн ныфс авæрдтой: «Нæй гæнæн, хæст фыдбылызæн у... Ис ма нын, ис хъæбултæ. Уыдон нын нæ зæрдæйы рыст фæрогдæр кæндзысты...» Æнамонддзинады хæст Къолайы хъæбултæй Васяйы дæр æрæййæфта æфсады. Уый Уанаты астæуккаг скъолайы фæстæ бацыдис Цхинвалы педагогон институтмæ. Ам ацахуыр кодта дыккаг курсы онг, стæй уый дæр ацыд æфсадмæ. Васяйæн йæ зæрдæмæ фæцыдис æфсæддон куыст. Уый бацыдис æфсæддон скъоламæ æмæ йæ фæцис 1940 азы. Райста лейтенанты ном. Фæлæ йæ уайтагъд хæст æрæййæфта Украинæйы. Уый Украи- иæйы зæххыл хъæбатырæй хæцыд фашистон абырджыты ных- мæ. Тох кодта Львовы, Одессæйы, Минскы. Вася хæсты стыр фæндагыл ацыдис. Уый 1941 азæй 1944 азмæ хъахъхъæдта нæ Райгуырæн бæстæ. Мæнæ куыд фыста, хæст фæуынхъус куы уыд, уæд йæ ный- йарджытæм: «Зынаргъ ныййарджытæ, уæ зæрдæ дарут, не ’фсад знаджы кæронмæ кæй ныддæрæн кæндзæн, ууыл. Туг исæм тугæй, зьгнг — зынгæй! Не ’фсымæр, нæ хоты тугкалд I дзæгъæлы нæ фæцис. Тагъд фæуыдзæн хæст æмæ уæм уæлахи- зимæ æрцæудзыстæм». Ныййарджытæ, ахæм фыстæг райсгæйæ, сæ цæстысыг 226
циидзшадæй раивтой. Нымадтой бонтæ хæст фæуыны онг. Фæлæ та мæнæ дыккаг .æнамонддзинад. Годжыцаты Къо- лайы хæдзары сæрмæ та сау халон цалдæр хатты æрзылдис. Æнамоиддзинад та 1944 азы æмбисы бахоста рыстзæрдæ ный- #а|\джыты дуар æмæ сын <сæ къухты фæсагъта, цæмæй тарс- тысты, ахæм сау гæххæтт... Хъарм цæссыджы та могæй ленк кæны æртæ ’фсымæры райгуырæн къуым. / "..Ныййарджытæ акæсынц сæ хæдзары алы къуымты, фæ- лæ цард-цæрæнбонты стыр ныфс кæмæй æвæрдтой, уыдонæй иу дæр нал ахсы сæ цæст. Зæнæджы кæстæр Мишæ ма уыдис 1943 азы онг се ’хсæи. уьшæй дæр ма æвæрдтой зæрдæ, фæлæ куыддæр 1943 азы Уа- наты астæуккаг скъола каст фæцис, афтæ уый дæр ацыдис то- хы быдырмæ. Мишæ кæд æвзонгæй бахауд хæсты цæхæры, уæддæр йе ’мбæлттæн цæвиттойнаг уыдис йæ хъæбатырдзина- дæй. Зæнæджы кæстæр бирæ рæвдауæн, бирæ зæрдæвæрæн фыстæджытæ фæфыста йæ уарзон ныййарджытæм. Фæлæ та уымæн дæр, хæст фæуынхъус куыддæр уыд, знаг йæ лæгæты хуыдуг кæньш куыддæр райдыдта, афтæ фыдгулы нæмыгæй йе ’взонг зæрдæ атыдта. Сæ уарзон хъæбултæй æфхæрд ныййарджытæ, кæд ныр дæр ма сæ цæссыг нæ басур, уæддæр се ’уæнгтæ нæма æруагътой. Уыдон ныртæккæ цæрынц сæ чызг Асиаты (уый дæр хæсты фæстæ амард) чысыл чызг æмæ лæппуимæ горæт Цхинвалы. Уыдонæй æвзарьшц сæ цыппар хъæбулы уарзондзинад. Аллæ ахуыр кæны æвдæм къласы. Алан та æртыккаг къласы. Къола йæхæдæг дæр рацыдис царды стыр зын фæндагыл. Уый, империалистон хæсты архайгæйæ, бавзæрста бирæ фыдæ- бæттæ. 1919—1921 азты та тох кодта меньшевикты ныхмæ. Æнувыдæй архайдта сæ хъæуы колхоз саразыны хъуыддаджы. Ныр исы пенси æмæ афтæмæй цæрынц йæ чызджы дыууæ чы- сыл сабиимæ. Къола æмæ Любæйæн сæ хъæбулты тыххæй цыт кæны Сове- тон хицауад. Уыдонæн цыт кæны Иры дзыллæ. Æмæ се ’ртæ фырты: Яшæ, Вася æмæ Мишæйы ном та цæры æмæ цæрдзæ- нис нæ адæмты зæрдæты бирæ æнусты дæргъы.
Алборишвили Амыран ХÆСТЫ БАХСИДГÆ ХÆЛАРДЗИНАД ...Гочиашвили Вахтанг бады æмæ йæ цæстытыл уайынц хæсты райдианы фыццаг бонтæ. Зын у хæсты бонтæ мысын, иууыл зындæр та у уыцы дугтæ бавзарын. Стыр Фыдыбæстæ- йон хæсты рæстæджы Вахтанг хайад иста бирæ уæззау тох- ты. Фæлæ се ’ппæты бахъуыды кæнын мæу йæ бон. йæ зæр- дыл ма лæууы, уæззау уавæры бахаугæйæ, командæкæнына- дæй хæстонты ’хсæн бастдзинад куьшæуал уыди-с, уæд уый саразын цы зынтæй бафтыдис йæ къухты, уыцы хъуыддаг. Уый тыххæй та аразын хъуыдис быдырон бастдзинад афоныл сиф- тонг кæнын, уый бамбæрзын. Хъырымы фронты штабы уæвгæйæ уыд ахæм цау æмæ Вахтанг æртæ æхсæв æмæ æртæ боны телефоны аппараты цу- рæй змæлд нæ фæкодта, æппынæдзух бадт æмæ иста æмæ лæ- вæрдта алгъуызон хъусинæгтæ. Уыдон та чысыл нæ уыдысты, 35 хæстон пунктмæ хъуыд хабар адæттын æмæ уырдыгæй ха- бар райсын. Уый иу рæстæджы куыста 4—5 аппаратыл. Иу- сахаты мидæг-иу алæвæрдта 2000 дзырды бæрц. ...Хуссар Ирыстоны паддзахадон музейы æвæрд сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Вахтанг Гочиашвилийы сæр- магонд дзаумæттæ. Уыдопы ’хсæн ис ноджы сахат дæр ахæм фыстимæ: «Хистæр сержант В. И. Гочиашвилнйæн—немыцаг фашнстты ныддæрæн кæныны хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй. Советон Цæдксы Хъайтар —инæлар Провало- вæй». Ацы номылдарæн - лæвары тыххæй газет «Комунисти» ,1942 азы 49 номеры фыста ахæм рубрикæимæ: «Фыдыбæстæ- йон хæсты номдзыд хæстонтæ», цыран дзырдæуыд: 228
Октябры бæрæпбопты хистæр сержант Гочиашвили В. йæ ха^стон хайы командæкæнынадæй райста лæвар æмæ фыстæ^. Командир стм æрырвыста лæвар æмæ ’фыста: «Зынаргъ æмбал Гочиашвили! Арфæ дын кæнын Стыр Октябры социалистон револющййы ХХУ-æм азы бæрæгбон. Гермайнаг окуппантты ныхмæ тохы ды равдыстай стыр лæг- дэинад, дæумæ разындис фидар удыхъæд æмæ фаг цæттæдзи- над. Уый та дзурæг у ууыл æмæ ды райгуырæн бæстæйыл дæ æнувыд, цæсты гагуыйау ын хъахъхъæныс йæ кад, йæ намыс. Гъе, уый тыххæй дын æрвитын зæрдиаг салам. Дæ къух дын æлхъивын». Фыстæгыл йæ къух фыста Советон Цæдисы хъайтар инæ- лар-майор Провалов. Газет ма уыцы номеры ныммыхуыр код- га’ Гочиашвилийæн йæхн фыстæг дæр. «Мæн фæнды, æмæ цы ’мбæлттимæ тох кæнын, уыдон номæй зæгъои мах Кавказы бахъахъхъæндзыстæм иæ туджы æртахæй». — Æз ам дам1 дыууæ къуырийы бæрц, фæлæ ацы ран фенын кодтон удуæлдайдз!инад, мæн, куыд æнувыд хæстон, афтæ сæв- зæрстой делегатæй æмæ мæ арвыстой, Октябры революцийыл XXV азы сæххæсты сæраппонд Мæекуыйы цьт цытджьш æм- бырд уыд, уырдæм. Уыцы æмбырды хайад истой фронтты иууыл раззагондæр лæстонтæ, уыдон ’хеæн уыдтæ« æз дæр. Цымæ цы сарæзтон уый бæрц, цæмæн мын скодтой ме ’фсæддон хайы ахæм кад? Æз кæддæриддæр тырныдтон, цæ- мæй хæсты тæмæны уыдаин разæй. Намысджынæй æххæст кодтаин мæ командиры алы бардзырд дæр. Иу тохы мидæг æз фехæлдтон дыууæ нæмыгзгъалы æмæ мæ къухты бафты- дысты знаджы хæстон бадæнтæ. Уыцы бон ма æз скуынæг кодтон знаджы авд хæстон пункты. Æмæ дзы цы пс ахсджиагдæр? Мæн бауырныдта, знаг йæ- хи куыд æнæсæдтон хоны, афтæ кæй нæ у. Æз нæ тæрсын не- мыцæгтæй, немыцæгтæ тæрсынц мæнæй. Мæн фæады, цæмæй ме ’мбæлттæ зоной, æз Кавказы куыд хъахъхъæнын, уадз уыдон мæн тыххæй зæгъæд: «Гоча — хъæ- батыр æмæ æнæсæдтон у». Æмæ, æцæгдæр, Гочиашвили Вахтаиг йæ дзырд сæххæет кодта. Уый уыдис 1942 азы фæззæджы. Гочиашв^или Вахтанг цы дивизийы уыд, уый йæхи цæттæ кодта ног ныббырстмæ. Æхсæ- ьы батальон райста бардзырд, цæмæй Туапсемæ æввахс куы- нæг æрцыдаиккой знаджы фидæрттæ. Вахтанг æхсæвы йæ хæстон æмбæлттимæ аленк кодта цæугæдон Пшошы æмæ йæ къухты бафтыд хæстон плацдарм. Батальоны командиры бардзырдмæ гæсгæ авангардон роль хъуамæ сæххæст кодтаид æртыккаг сæдæйон. Сæдæйоны та уыцы хярс сæххæст кæнын æрхаудта (командир Колеоникы 229
20 хæстонмæ. Батальон, куыд раззагон, афтæ æрывнæлдта йæ хæс æххæст кæнынмæ. Райдыдта хæст. Уæдмæ Колесникмæ æрбацыд телефонист æмæ йын фехъусын кодта, зæгъгæ, зна- джы нæмыгæй фæхъуыдысты сæдæйы командир æмæ полит- рук дæр, командиры хæдивæг дæр у уæззау цæф. Æфсæддон уагæвæрдмæ гæсгæ мардфæуæг командиры бæсты хъуамæ слæууа сæдæйæ фыццаг ссæдзы командир. Колесник нынкъард. Фæлæ хæсты æнкъард кæнынæй «ицы рахæсдзынæ. Колесник йæхимæ райста сæдæйыл комаадæ кæныны хъуыддаг. Йæхи- мæ фæсидт æртæ хæстонмæ, уыдон ’хсæн уыд Гочиашвили Вахтанг дæр æмæ ’йын бахæс кодта: чи фæмард, уыдоныл азилут æмæ сын æруидзут сæ гранаттæ. Цыфæнды уа, уæд- дæр хъуамæ скуынæг кæнат знаджы хæцæн бынæттæ. Уыдон та æппьшæдзух æхстой æмæ махонты размæ къахдзæф акæ- 1нын нæ уагътой. Æртæ хæстоны æрывнæлдтой бардзырд сæх- хæст кæнынмæ. Знаг сæм уыд 35—40 метры дардæн. Колесник фæфиппайдта, бæласы аууон лæууыд <немыцаг командир æмæ уырдыгæй ’бардзырд лæвæрдта йæ хæстонтæн. Ныхъхъавыд æм æмæ йæ иу æхстæн мæлæтдзаг цæф фæкодта. Уадид немыцаг командирмæ æрбазгъордтой дыууæ афи- церы, ноджы та топпы хъæр æмæ та уыцы дыууæйæ дæр сæ иу æрхауд. Æртыкжаг ма фæцырд æмæ бæласы аууон амбæхст. Зна-г фæхæццæ. Уыцы уавæрæй спайда кодтой Вахтанг æмæ йæ дыууæ æмбалы, размæ абырстой, знаджы мæмыгзгъалтæ кæм уы- дысты, ’уырдæм. Фæлæ дзы сæ иу фæмард, фæцæф Вахтанджы дыккаг æмбал дæр. Уæддæр фæстæмæ нæ фæлæууыд, гранæт- тæ кæрæдзийы фæдыл зыввытт кодта знæгтыл æмæ афтæ зынд, цыма иу лæг нæ, фæлæ сæдæ лæджы абырста рЪзмæ. Уыцы рæстæджы махонтæ дæр абырстой размæ, знаг йæ хæ- цæнæй фæлыгъд. Хъæбатыр хæстон Гочиашвили Вахтанг æрмæст уыцы то- хы скуынæг кодта знаджы авд нæмыгзгъалы. Знаджы нæмгуытæ - йын йæ фæччитæ сыхырлайы хуызæн скодтой, фæлæ дзы йæхи- уыл иу нæмыг дæр нæ сæмбæлд. Уыцы тохьт Вахтанг цы лæг- дзинад равдыста, уымæн æрцыдис стыр аргъ — схорзæхджын æй кодтой «Сырх Стъалыйы» орденæй. Уыцы дугты Вахтанг иу æнæмсæр тохы фæцæф, æмæ фæхицæн йæ уарзон хæстон æм- бæлттæй, нæ хуыздæр хæлар Колесникæй. * * * 1943 аз. Уыд рагуалдзавг. Вахтанг фæстæмæ фронтмæ аз- дæхт, йе ’фсæддон хаимæ иал баиу, фæлæ дарддæр кодта йæ тохы фæндаг. Хæсты фæстæ уæлахизхæссæг хæстон æрыздæхт йæ рай- гуырæн зæх’мæ æмæ зæрдиагæй æрæвпæлдта сабырадон цард 230
аразынмæ. Фæйнæрдæм фæцыдысты’ йæ хæстон æмбæлтта) дæр. Нал уыд Ва.хтангæн семæ бастдз»инад. Нал дæр æнхъæл уыД æмæ ма сæ искуы искæуыл фембæла. Фæлæ куыд фæзæ- гъынц: хох, дам, хохыл не^æмбæлдзæн, уый йедтæмæ лæг лæ- гыл — кæддæриддæо. Æмæ, æцæгдæр, 1966 азы Гуры районы газет «Гамарджвеба» («Уæлахиз») ныммыхуыр кодта Колес- никы уац: «Дæ хъæлæс мын фехъусын кæн, Вахталг!», ахæм сæримæ. Вахтанг кæддæр тохы быдыры Колесникæ,н дзырдта, зæгъгæ, хæсты размæ Ленингоры районы куыстон ахуыргæнæ- гæй, æмæ ныр Колесник газеты редакцийæ до-мдта, цæмæй йый йæ хæстон æмбалы ссарынæн баххуыс кодтаид. Нæ фæрæдыд Колесник, газеты фæрцы ссардта йæ хæстон æмбалы. Вахтанг уайтагъд Колесникмæ арвыста фысгæг, хъусын ын кодта йæ адрес æмæ дзы домдта, <цæмæй -йæм уазæгуаты æр- цыдаид Цхинвал-мæ. Йæ уæлвæд дзуаппон фыстæг æрцыдис уырдыгæй, Колесник æм фыста: «Дæ бон хорз, Вахтанг Яооны фырт, айс мæн æмæ мæ бинонтæй нæ зæрдиаг фæндиæгтæ æмæ арфæтæ... Мæ зынаргъ Вахтанг, мæ цинæн кæрон нал ,и-с, æгайт- ма мьш сазрæгас разындтæ. Не ’хсæнæй бирæ хæстонтæ нал æрыздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ, уыдон рухс ном хъуамæ мысæм. Дæ зæрдыл ма лæууы тбилисаг сержант? Уый мæм йа» мæлæты агъонмæ радта йæ адрес æмæ домдта: «кæд дын искуы фадат фæуа, уæд-иу мын фен мæ зæронд мад æмæ мæ хойы». Зын мын у æнæдарæгæй баззайæг -мады цæстытæм ба- кæсьин, фæлæ хæстон æмбалы фæстаг куырдиат хъуамæ сæх- хæст кæнон... Мах дыууын æртæ азæй фылдæры бæрц кæрæдзи -нал фед- там. Хъуыды ма кæныс, куыд-иу мын дзырдтай: «Дæхи бавæр, мæ зынаргъ командир, дæ хуызæн æнувыд адæймæгтæ рай- гуырæн бæстæйы цырагъы рухсау хъæуынц». Уъщы фыстæгæй рацыд дыууæ мæйы æмæ мæнæ тохы бах- сидгæ хæлардзинад ног сгуыпп кодта зæрдæты — Колесник уа- зæгуаты æрцыд Цхинвалмæ, йæ хæстон æмбал Вахтанг Гоч.иа- швилийы уынынмæ. Кæм »ма уыд сæ цинæн кæрон, кæрæдзи .’ефцджытыл тыхстæй лæууыдысты æ,мæ сæ цæссыг згъæлстой. Уыцы цæссыгты уыд уарзт æмæ æфсымæрдзинады арт. Уый фæстæ Вахтанг йæ хæстон æм.балы æрзилын кодта Ирыстоны рæсугъд бынæтты. Колесникы зæрцæмæ тынг фæцы- 1ысты Ирыстоны уазæгуарз адæм, нæ хæхтæ, нæ диссаджы ^рдз. Уыдысты Тбилисы дæр æмæ федтой сæ хæстон æмбалы ОИНО’НТЫ. Колесник стыр райгондæй аздæхт фæстæмæ йæ бинонтæм, -т*æ зæрдæйы та ахаста нæ адæмы, нæ уарзон къуымы уарзт.
Гафез ЗЫНДОНЫ ФÆНДАГЫЛ Æцæгæлон арв талынг æхсæв Талынг голландиаг æхсæв. Раджы кæддæр-иу абырджып» дæр ахæм æхсæвтæм бæллыдысты. Гойаты Къоста дæр йæ цард- цæрæнбанты фыццаг хатт ахæм æхсæвмæ бабæллыд. Æмæ уый диссаг нæу. Къоста дæр фæстаг рæстæджы «абырæджы» куыст кæны. Немыцæгты æфтауцдонæй хæссы минæтæ, гранатгæ, нæмгуыты асыктæ, хæдыхстæ. Хæссы сæ æфтауцдонмæ хæстæг хъæдмæ. Хъæд афтæ хæстæг нæу. 200—300 метры йæм бауа- йьин хъæуы, æмæ уый дæр афтид армæй нæ, — хæстон æрмæ- джытимæ. Нæмгуыты асыкк рог нæу. Къоста, цæмæй йæ куыст тагъддæр фæуа, мачм йæ фена, уый тыххæй дзы дыккаг дæр аккой кæны. Ацы ’хсæв фыдкуыст фажодта. Бафæллад. йæ астæу фæ- рыст, йæ уæпгтæ дыз-дыз кæнынц. Фæллад æмæ тасдзкнад. Уыдон тыхджын 1сты, алкæйдæр сæттынц... Хæстан æрмæджыты хæссыны йедтæмæ куы ницы хъæуид, уæд ын ницы у. Фæлæ сæ хъæуы æмбæхсын дæр хъæды. Ахсæв нæ (ахсæв Къоста хъуамæ иунæгæй архайа, цæмæй йæ гитлеронтæй мачи бафип- пайа), фæлæ сæ райсом æхсæвы ардыгæй ахæсдзысты голлан- диаг партизантæ. Уыдон цух сты хотых æмæ хойрагæй. Не- мыцæгтæм та уыдон парахатæй сты. Батальоны командæкæнынад бауынаффæ кодта, цæмæйтох- мæрастæг голландиаг партизантæн баххуыс кæиа хæлц æмæ хæстон æрмæджытæй. йæхæдæг дæр уыди уыцы æмбырды. Ныр Къоста кæны уыцы куыст. Феххуьис ын кæнынц Шалва Нозадзе æмæ Варлам Ебралидзе дæр. Фæлæ ацы хæс сæйра- джы Къостайы уамссчытыл æвæрд у. Фæсæмбисæхсæвæй ахызт, афтæ фæци йæ куыст. Æфтауц- доны дуарыл бапцон кодта æмæ æхцонæй сулæфыд. Йæ зæрдæ 232
фæллад риуыгъд куыд кюдта, афтæ) йыл цины улæн Дæр * тыхст асмæ сасга уæнгты рыст: иуæй йæ куыст кæй фæци, уый тыххæй, иннæмæй та йæ кæй ничи федта, уый цинæй. Къоста арвмæ юкаст. Уый арв нæ уыд, фæлæ уыд кæрдæн, сау кæлмæрзæн; лæтмарæг æй Зандворты сæрмæ байтыдта. Цы иугай стъалытæ дзы уыд, уыдон зындысты афтæ, цыма уы- цы стыр сау кæрдæн уыд цæрдхуынчъытæ æмæ уырдыгæй зæхмæ калд сæ дыдзы рухс. Ацы сау кæрдæн канд Голландийы адæмы тар хъысмæты тыххæй не сыстад арвыл. Уый ма уыд ам, Зандворты цы иу мин гуырдзиаг æмæ иро-н адæймаджы уыд, уыдон мæрдон ны- сан дæр. Советон хæстонтæй ма ардыгæй исчи аирвæза удæга- сæй æмæ йæ хæдзарыл сæрæгасæй сæмбæла, уый дыууæйыл уыди. Æппæтдæр фæуд уыди. Æрмæст ма кастысты æмгъуыд- мæ — немыцæгтæ сæ мæнгард фæнд кæд сæххæст кæндзысты, уымæ. Фæлæ зæрдæ хивæнд у. йæ хъысмæтыл сразы уæвын кæй нæ фæнды. Къостайæн йæ фарсмæ суасыд цъысцъысаг. Цы ран ис, уый цæст нæ уыны, фæлæ зæрдиагæй йæ хъæстарæг кæм цæгъды, уый хаты. Ацы æвæлмон цъысцъыс Къостайæн йæ зæрдæйыл царвау æртад. Диссаджы, уæлтæмæны зæлтæ йæ сæхимæ, Ленингоры районы, Дзукъаты хъæуы фестын кодтой. йæ цæ<сты раз ын равæрдтой йæ царды бонтæ. Сæмбæлд ыл хæдзары хъарм, æвзонджы бонты алæмæт тæлмæн. Ам райгуырд 1907 азы, ам арвыста йе ’взонджы бонтæ. 1921 азы амард йæ фыд. Хæдзары уæз æрынцад йе ’взонг уæхс- чытыл. Фæстæдæр активоиæй архайдта .колхозы арæзтады. Цъинагары коммунæмæ фæскомцæдисонты кодта нартхæрттæ рувынмæ. 1932 азы ацыд Калакмæ. Уым кусьш райдыдта æф- сæивæндаджы æрмадздоны. Фæстæдæр куыста автоцалцæггæ- нæн заводы. Уырдыгæй йæм .æрсидтысты æфсадмæ 1942 азы. Æрмадздæтты ма куы куыста, уæддæр Къостайы йе ’мбæлт- тæ хуыдтой «сыгъзæрин .къухты» хицау. Æмæ, æцæгдæр, алцæ- мæдæр æвзыгъд æмæ арæхстджын уыди. Зандворты дæр æй бахъуыд уыцы дæсныдзинад. Немыцаг æфтауцдонæн дæгъæл- тæ ацарæзта æмæ хъуыддаг цæттæ у. Саперы дæсныдзинад тынг хорз базыдта. Топпы хосы хъыхъхъаг смаг фыццаг хатт бамбæрста Керчы цур. Ам куы минæтæ æвæрдта, куы та — сæ халгæ кодта. Фæстæдæр командæкæньшады бардзырдмæ тæсгæ 120 хуыз Дæр саперы арвыста Новороссийскмæ. Уыдонимæ уыди Къоста Давр. Иу æхсæвы сæ баластой Севастополмæ. Вокзалмæ хæстæг арæзтой блиндал<тæ æмæ тоннелтæ. Уый фæстæ батальоны ар- выстой раззаг хахмæ. Ам уыди фидар хъахъхъæнынадон ра- йон. Бирæ дзы фæхæцыдысты. Йемæ уыдысты Сиукъаты Гри- Шæ» Æлборты Дианоз æмæ æндæр *ирон лæппутæ. «Фæлæ ие 23?
’фсæддон хай нæ баурæдта немыцæгты размæбырст. Алкæмæн- дæр бæрæг у 1942 азы Хъырымы трагеди. Мах дæр цæфтæ, уæнгцъæлтæй бахаудтам зындоны — уацары», — . зæгъы Къоста. — Симферополмæ сæ тардтой къахæй. Бынæттон цæрджытæй ма удæгас чи уыд, уæлдайдæр та уырыссаг устытæ, уыдон уа- цайрæгтæм -æппæрстой кæрдзыны муртæ. Кæрдзыны къæбæр исынмæ-иу чи фæгуыбыр кодта, уый-иу фехстой немыцæгтæ. Уацайрæгты ныттардтой Белая церковмæ, лагермæ. Йæ фыацаг æмбæлттæй фæхицæн, фæлæ ам сæмбæлд захъкъойраг Елхъанты Сикъойыл æмæ велураг Болататы Габрелыл (абон дæр ма пардæгас сты). Цыфæнлы уавæры дæр, Къоста æнцад-æнцойæ балын уарз- та. Æниу, ам, лагеры ахæм тæссаг æмæ зын уавæртæ уыд æмæ æмцойдзинадыл дзурæи дæо нæ уыди. Боны уæззау куысты фæстæ-иу стонг адæм, фосау, ныккалдысты баракты, алыоды- гæй хъæрзын æмæ оффытæ хъуыст. Къоста дæр куьшнæ фæл- лад. Фæлæ физикон куыстыл ахуыр уыдысты йæ уæнгтæ, иннæ- тæй фæразондæр уыд. йæ цæф куы фæдзæбæхдæр, уæд куыст- ахуыр къухтæ домдтой архайын, хæххон лæджы рог уæнгтæ — змæлын. Иннæмæй та стонг. Некрасовы загъдау, уый «æгъатыр паддзах у». Гитлеронты фæстæ уый уыди уацайрæгты дыккаг знаг. Хиирвæзын кæныны ’инстинкт тыхджын у. Къоста стæрхон кодта: «Уæддæо мып лагеры æнæмæлгæ нæй, æмæ бафæлварон алидзын. Кæд мæ исчи фена, уæд — мæлæт лагеры мæм чи ’нхъæлмæ кæсы, уый, кæд мæ ничи фе- на, уæд мæ хъуыддаг атулдзæн». Аггæймаг >исты куы ссЬæнд кæны, уæц æй уый æниой кал фæуадзы. Къоста дæр бахаудта ацы уавæрьт. Йæхмуыл ско^та дыууæйы фæлыст дзаума. Кæуылты ахъуызыдаид, уый щ>тч па- гацау бæрæг уыди. Лагеры цур цы хъахъхъæнæн вишкæ уы^и, ууылты алицзыны æнхъæл нæ уыдысты ’Немынæгтæ. Ууылты акодта йæ фæндаг. Уый разм.æ вишкæйы (Ьарсмæ телы æмбон- ды бын канау сыгъдæг кæнгæйæ, белæй фæуæрæхдæр кодта канау, телы бынты абырæн куыд уыдаид, афтæ. Куы ’ртальшг, хъахъхъæнæг вишкæйы рæдяæ-мæдзæ куы райдыдта, уьтцы рæстæгмæ бахъавыд Къоста. Баракæй вииткæ- йы аууонмæ куы базгъордта, телы бынты куы лæст, уæд æм йæ зæрдæйы дæнг-дæнг хъуыст дзæбуджы иæфау. Фыдбылыз алы хатт нæ цæуы адæймагмæ. Лагерæй куы аирвæзт, уæд хæдзарæй-хæдзармæ, аууонæй-аууонмæ æмæ лагерæй адард. Æдас нæ уыд æнæзонгæ горæты цæуын, уымæй дæр алы рæтты немыцаг патрултæ уырытау ратæх-батæх код- той. Уьшджы йæм æнæзонгæ сылгоймаг сдзырдта: — Гъей, русский, цы уæй кæныс? Къостайы цыргъ зонд скуыста: «Æвæццæгæн, ам уацайрæг- 1234
тæ истытæ фæуæй кæнынц. Цæй, æз дæр йемæ базонгæ уон, кæд мын горæтæй алидзыны баххуыс кæнид, стæй ма иу фæлыст дæр хæлцы тыххæй куы рахастон». Къостайы хъуыды раст разынд: ус уыди польшæйаг. Уый æлхæдта уацайрæгтæй асламыл уæлæдарæс, кæрдзын, тамако а»мяй æидæр продукттæй æмæ сæ уый фæстæ зынаргъдæрыл уæй кодта. Иу кæрдяыны гуыдын, дыууæ консервы æмæ дыууæ къоппы тамако. Стæй ма йæ æхсæвæрыл дæр хорз федта. Æгæр бира? йы» кæй радта иу фæлыстыл, уыцы хиндзинад Къоста фæстæ- дæр базыдта. Усы нæ фæндыди, асламыл ын дарæс чи уæй кæн- дзæи, уыцы уацайраджы фесафын. Бынæттон цæрджытæ дæр тыхст æмæ уырыд уыдысты. Уымæ гæсгæ йын Къоста куы "ркой кодта, зæгъгæ, мын бацамон горæтæй алидзыны фæндаг, уæд ус бакатай кодта: «Алы ран дæр — патрултæ, рацахсдзыс- ты дæ. Ць тагъд кæныс, лидзыны фадат дын нырæй фæстæмæ дæр упдзæн. Деттæ уал уыцы кæрдзынæй фæйнæ къæбæры де ’мбæлттæн авæр — удыбæстæ сын скæндзынæ». Къоста æцæгæйдæр уæд æрымысыд йе ’мбæлтты: баракты сæ чи тæрхæгыл хауд у, чи æндæргау змæлы, чи йæ уд исы. Æваст æм лфбайхъуыст сæ унæргъд, сæ хъæрзын. Къоста фæлтæрд, фидар лæг уыд — 35 азы цъус не сты. Фæлæ йæ зафдæ суынгæг, цæссыг фемæхст: «Æз — æфсæст — ч æхеыры крушкæ ^мæ дыууæ картофы йæхи фесты æмæ умм та мæлгæ камшнц». йæ сæрæй æрбайсæфт алидзыны мæт. Нал дæр ахъуыцы кодта, фæстæмæ, лагермæ, цæугæйæ, науæд телы бынты быр- гæйæ, гæнæн кæй уыд æмæ исчи фена, уæд кæй бабын уыдзæн йæ цард. Усы хæдзарæй куы рахызт, уæд æм райхъуыст: — Салдат, æрбацу та иу. Уæдæй фæстазмæ Къоста «удыбæсты цæуын» райдыдта йе ’мбæлттæн, йæхи уд дæр сфидар кодта. Фæлæ адæймаг фыдбылызæй алы хатт хызт .нæ вæййы. Уыд æрæгвæззæг. Уазал. Сæ барак кæмдæр ссардта афице- ры фæлыст. Ныр канд Къостайы хæстæг æмбæлттæм нæ, фæлæ ма йæ фæллойæ хауын райдыдта баракæй б.ирæ кæмæдæрты æмæ уыдон дæр сæ бызгъуыртæ райдыдтой уæй кæнын — лæ- вæрдтой сæ Къостамæ. Къоста йæхи сфæлыста афицеры дарæсы. Хъуамæ хидыл ахызтаид, фæлæ уыцы фарс фæзындысгы немыцаг расыг афи- цертæ. Уыдон æм æнæсдзургæ нæ фæуыдаиккой, Къоста та сьгя се ’взаг нæ зыдта. (Уымæ гæсгæ «ыггæ/пп кодта дæлбырц- мæ. Доны ахызт. Æрæджиау, хидыл уыйбæрц цæуæг куынæуал уыд, уæд ахаста афицеры дарæс дæр. Ус æй батавта. Цай йын бадардта. Афицеры фæлыст — уæлæдарæсæй, цырыхъхъытæй, æндæрæй сæ уым ныууагъта. Йæхæдæг йæ къæхтыл хæцъилы 235
гæппæлтæ стыхта, рахаста кæрдзынтæ æмæ æрбацыд лагермæ. Фæлæ йыл ам хорз бон нæ акодта — банымыгъта йæ цахæм- дæр тæлмацгæнæг. Къоста ма йьвд бæргæ загъта: «Худинаг дæм нæ кæсы, нæ- хирдыгон куы дæ!» — фæлæ йын уый ницы уал баххуыс кодта: ахæстон — иварон лагеры бамидæг. Йæ хæлц: ,иу агуывзæ дон æмæ 300 граммы та — кæрдзын. Фæци дзы æртæ мæйы бæрц. «Хетæгкаты Къоста фыста, зæгъгæ, «лæгдзарм тæнæу у». Уæдæ дзы æз цы над æмæ æфхæрд баййæфтон, уымæн æртæ цармы дæр ие ’сфаг уыдзысты». — Хъуыды кодта, йæ ивгъуыды бонтæ мысгæйæ, Гойаты Къоста. Æмæ, æцæгдæр — «æлгъыстæй, уæд надæй цынæ бавзæрс- топ». Лагеры фыдцарды Къоста цьвдæ бавзæрста, ахæм нал ис. Хетæгкаты Къостайы салдатау ын ныммур кодтой йе ’фсæр- тæ. Чиныгкæсæг, искуы куы сæмбæлай Гойаты Къостайыл, уæд дын сæ фенын кæидзæн, дæндæгты бæсты ныр протезтæ дарьи Фæлæ та ногæй хъуыдыты базыртæм... Талынг æхсæв. Зандворт. Æфтауцдон. Гойаты Къоста йæ рæзты размæ-фæстæмæ цæуы æмæ ныгъуылы сагъаесты. Ирон аргъа^ау, мысты чидаф хоры къутуйæн хъахъхъæнæг чи баурæдта, уый ми кæнынц немыцæгтыл дæр. Къостайы, се фтауцдон сафæджы баурæдтой хъахъхъæнæгæй. Къостайы «сы- гъзæрин къухтæ» немыцæгты арæх хъуыдысты. Зандворты, стæй Теселы дæр арæх батальоны штабы куыста. Арæзта алы мигæнæнтæ. Рады салдатæй дæр службæ кодта. Иудзырдæй, аразинаг кæмдæоиддæр уыд, уым — Къоста. Сагъæстæ. Сагъæстæ. Ив,гъуыды тар бонтæ. Тугхъулон бон- тæ, Зæрдæ риссы сæ мысынæй. Фæлæ йæхи цæуыл ирхæфса хъахъхъæнæг. Хуыссæг цæстытæй æддæмæ нал хизы. Расурьвд æй хъæуы. Æмæ цæмæй? Къоста сын ссардта ивгъуыды уæз- зау бонтæ: кæд æвирхъау нывтæ расуриккой хуыссæг æмæ лæу- гæйæ нæ афынæй уаид. Фынæйæ дæ куы ’рбаййафой, уæд... Ахæстон — .иварон лагеры йе ’мгъуыд куы фæци, уæд та Къостайы фæстæмæ йæ бынатмæ æрбакодтой. Ам бирæ кæй- дæрты нал æрбаййæфта йе ’мбæлттæй — фæмардысты, кæй та дзы æндæр лагермæ, кæнæ баракмæ аивтой. Æрлæууыдысты зымæджы карз бонтæ. Лагеры уавæр карз- дæр æмæ уæззаудæр кодта. 1942 азы иу зымæгон хъызт æхсæ- вы Къоста систа барачы рудзынджы авг. Ууылты йемæ ахыз- тысты Коненков æмæ Аваков. Лагерæй йæ зонгæ фæндагыл алрвæзтысты. Фæндыди сæ, исчи сæ куы бавæрдтаид, фæлæ сын н,æ бантыст: лагермæ хæстæг цы бьшæттон адæм цард, уыдон зивæгæй уагътой сæхимæ «уазджыты», уымæн æмæ-иу сæм пгитлеронтæ искæй куы баййæфтой, уæд-иу уыдоныл дæр 236
æркодта у<':цайрæггы бон: кæд æхст не ’рцæуа, уæд ын ахæс- тон æмæ над тупæ уыд. Дыуух къуырийы фесты хъæды. Никуы хæлц, никум — дара>с. Уазал æма> сæ стонг хурх кодта. Сæ хæлц уыди картоф. Къахтои йæ <æмæ йæ салдæй, хомæй хордтой. Сæ фæстæ цы хъахъхъæнджытæ рафæдис кодтой, уыдонæй бæргæ аирвæзтысты, фæлæ уый фæстæ, æндæр лидзджыты су.р- гæйæ, Къостайы къорд æнæнхъæлæджы бахауд сæ къухты. Лпы хатт ноджы — тыхджындæр æфхæрд æмæ над. Афтæ йæ бафхæрдтой æмæ къуыри тæрхæгæй нал сыстад. Ардыгæй сæ арвыстой Белоподлевскы лагермæ. Уый уыди стьгрдæр, хицæн кодта йæ карз уагæвæрдæй. Ирæтта^й дзы уы- дп Багагы Заликъо, Хуыгаты Володя (ногираг) æмæ Бæзза- ты Кржлин (сачхереттаг). Къоста г/ырдзæй рахаста фидар буары конд. Сындидзыд- та, йа: раздæры гаччы та сбадт. Ам ирон лæппутæ мæллæг æмæ рынчып \ы;:ысты. Цæмæй сын баххуыс кæна, ум»;н нæ ардта. Лагермæ хæстæг уыди аптекæ. Уым хъуыди æрмдæсны лдæймаг. Къостайæ хуыздæр лæг дзы цæмæн хъуыд! Æниу дзы кусикаг уыйбæрц ницы уыди. Арæзта асыччытæ. Кæрдзын иу ын ’радтой стæм хатт. Хостæн ницы ’мбæрста, йе ’мбæлттæн цы ахæсса, уйы нæ зыдта, фæлæ уый хьтгъд иу асыччы фарсыл бакаст латинаг дамгъæтæй сахарин фыст. Къосга латинаг ал- фавит хорз зыдта. Цалдæр къоппы дзы фелвæста æмæ æнæ- хъæк барак адджын цай цымын райдыдтой. Аптекæ^æ хæстæг уыди хæрæндон. Уымы кусджытæ куы фехъуыстой Къостайы фæрæты къуыртт-къуыртт, уæд сæ ба- хъуыд йæ сæр — аслам, науæд та æнæмызд кусæг ссарыныл чи нæ бацархайдзæн?.. Къоста ам дæр акуыста, боцкъатæ, асыч- чытæ æмæ æндæр мигæнæнтæ цалцæг кодта, ссадта сын сæ кæрдтæ. Изæры баракмæ афтидæй стæм хатт здæхт. Куы иу схаста кæрдзыны къæбæртæ, куы дзидзайы кæрдихтæ, куы та — хъæрхуыпп дæр. Сæхæдæг иу ын куы /ницы радтой, уæд-иу йæ къухтæ ныххилын дæр зыдтой: къалбасы карст-иу йæ дысы хæрдмæ сфардæг æмæ-иу рахызт сæ барачы. Ацы лагеры сæ мыггаггай айуæрстой. Гуырдзы, сомих, уз- бектæ, цæгат ^ирæттæй сырæзт сæрмагонд къордтæ. Хуссар ирæтты æвзæрстой гуырдзиæгтимæ. Къоста дæр бахаудта уы- донимæ. йе ’мбал ирæттæ уатон кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ Къоста фæхицæн. Гуырдзиаг къорды арвыстой Польшæмæ, Крушинæйы лагермæ. Ам Къоста федта Артемидзе Евген, Гаглойты Исахъ, Тедеты Федыр, Быценты Ясон æмæ бирæ æндæрты. Ацы лагермæ æрцæуыны агъонмæ ам арæзт æрцыд сæрма- гонд ротæ гуырдзиаг уацайрæгтæй. Уый хъуамæ <æрвыст æрцы- 237
даид скæсæн фронтмæ махуæдты ныхмæ тохмæ. »йæ командир уыди фæлтæрд капитан Чъичъшадзе. Къоста æмæ йе ’мбæлттæ (велураг Музиаты Васикъо) æмæ æндæртæ уый куы базыдтой, зæгъгæ, ротæ æрвыст цæуы Сове- тон Æфсады ныхмæ тохмæ, уæд лагерæй алыгъдысты *иу æх- сæв. Фæлæ дард нæ аирвæзтысты. Фæдис сæ раййæфта, фæ;г сгарæг куыйтæ сæ ссардтой, ныскъуыдтæ сæ кодтой. Лидзджы- ты ныккалдтой ахæстоны — бункеры. Уæдмæ Чъичъинадзейы ротæ æрвыст æрцыд скæсæнмæ. Къоста æмæ иннæ ирон лæппутæ Крушинæмæ æрæджы кæй æрбафтыдысты, уымæ гæсгæ нæ базыдтой зондджын капитан æмæ райгуырæн бæстыл æнувыд хæстон Чъичъинадзейы сусæг фæнд. Уый Цæгат Кавказы мæнгардæй куы разылд немыцаг командæкæнынадыл æмæ Советон Æфсады фарс куы рахæцыд, уæд ма Къоста, Гаглойты Исахъ æмæ ма æндæр бирæ уацай- рæгтæ бæргæ фæсмон кодтой, фæлæ ма уымæй цы рауадаид! Немыцаг командæкæнынад стыр ныфс æвæрдта Чъичъина- дзейы ротæйæ. Æмæ цалынмæ уый скæсæны фронтмæ хæццæ кодта, уæдмæ Крушинæмæ æндæр лагертæй æрæмбырд код- той æндæр гуырдзиаг æмæ хуссарираг уацайрæгты. Сарæзтой сæ батальон. Схуыдтой йæ «гуырдзиаг батальон. Ацыбатальон, стæй уый размæ цы ротæ æрцыд арæзт, уыдон сорганизаци кæ- ныны зæрдиаг хайад истой эмигранттæ Бакрадзе æмæ Ин- джиа. Уыдон уыдысты карз æмæ æгъатыр. Уæлдай æвзæр цæстæй кастысты ирæттæм. «Сымах нæ фесæфтат, большевик- ты нæм сымах æркодтат...» — йæкомыфынккалгæйæ, дзырдта Инджиа, Тедеты Федыры нæмгæйæ. Инджиа æмæ Бакрадзе дзырдтой 1920 азы революцион цаутыл, меньшевикты Гуыр- дзыстоны сæрыл хæцыдысты ссæдз азы фæстæ, ныр дæр сæ маст нæ ферох. Инджиайыл цыдаед 70 азы бæрц. Йæ ехс схъазыд Къоста- йы онтыл дæр. «Зæронд куыдзы хæст нæ риссы». Инджиамæ дæр тых иал и, — дзырдта Къоста йе ’мбæлттæн. Гойаты Къостайыл та сæмбæлд Бакрадзейы ехсы цæфтæ. — Ирон дæ, æви’гуырдзиаг?! Ирон дæ, æви гуырдзиаг?! — цавта æмæ хъæр кодта зæронд социал-демократ. Гойаты Къоста дзуапп нæма радта, афтæмæй фæцырд Ло- ладзе Шалва. — Нæхиуæттæй у, æлдар Бакрадзе, Меджрсхеугомы «æл- дар» у. Бакрадзе æххæст нæ баууæндыд Лоладзейы ныхæстыл, йæ цæвын фæуагъта æмæ йæ афэрста: — Æмæ уæм æлдæртты дæр кæнынц æфсадмæ? — Махмæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын хæсджын -сты æлдæрттæ дæр æмæ мæгуыртæ дæр. ! Ацы диссаджы адæймаг æмæ æхсарджын комбат Лоладзе 238
Щалвайы фæрцы фервæзт-мæлæтæй Гойаты Къоста. Æмæ канд уый нæ, фæлæ ма батальоны бирæ хæстонтæ дæр. Уæдæй фæстæмæ Къоста сси «æлдар». Афтæ йæ хуыдтой Шалва æмæ Къостайы ’мбæлттæ. фæлæ кæд Къоста мæлæтæй фервæзт, уæддæр ахæстонæй нæ фæиртæст. Иугæр Чъичъинадзейы ротæ, скæсæн фронты махонты ’рдæм куы алæууыд æмæ немыцæгты фæндæй куы ницы рауад, уæд гуырдзиаг батальоны бакалдтой вагæтты, цæмæй йæ ныгуы- лæнмæ арвитой. Уацайрæгтæ базыдтой се наманд. Круши- нæйы æфсæнвæндаджы станцы ныххæррæтт кодтой æмæ фæй- нæрдæм райдыдтой лидзын. Къоста, Быценты Леван (громаг), Козатæй иу лæппу (цъу- найраг), Кокойты Васил (хуыцъейаг) афæлвæрдтой алидзы- ныл. Фæлæ сын нæ бантыст. Быценты Леван мард фæци лидз- гæ-лидзын. Батальоны фæндаг уырдыгæй ацыд Францмæ, стæй та — Голландимæ, горæт Зандвортмæ, фæстагмæ батальоны аппæрс- той Тесселы сакъадахмæ. Зандворты ма куы уыд батальон æмæ Къоста уым æфтауц- доны куы куыста, уæд англисаг хæдтæхæг æркалдта проклама- цитæ, Къоста дзы æртæ фелвæста æмæ сæ æфтауцдоны зыхъ- хъыры атъыста. Иннæты немыц æрæмбырд кодтой æмæ сæ ба- сыгътой. I '| Артсмедзи рагæй цыди Къостайы зæрдæмæ. Æвзонг, зын- дзинæдтæн фæразон, æнæуи рæсугъд, хæрзконд лæппу. Куы йыл сæмбæлд, уæд ын фенын кодта прокламацитæ. — Бакæс-ма, цы фыссынц? — Фыссынц: фидар, дам, лæуут, фæцæуæм, дам, уæм мах дæр, — йæхæдæг æм ахæм æнгасæй æрбакаст, цыма йын æм- барын кодта, цыдæр зæгъын æй кæй фæндыд. — Зæгъ дæ ныхас. Æргомдæр у. — Нæ куыст райдайæм, Голландийы партизантæ нæм æн- хъæлмæ кæсынц.- Къоста хорз зыдта, «нæ куыст райдайæм» цы нысан .кæны, уый. Зыдта, батальоны парт.ион организаци кæй сарæзта, бастдзинад ын кæй ис бынæттон партизантимæ... Къоста йæ- хæдæг дæр вæййы сусæг æмбырдты. Ноджыдæр зыдта, æппæт ацы организацион æмæ практикон куыст Евгены, æвзонг лæп- пуйы фæрцы кæй цæуы. Фыццаджыдæр уый базонгæ голлан- Диаг партизан Ван-лёмеримæ. Уый фæстæ та — Гарлемы пар- тийы райкомы секретарь Ани Клайнимæ. Уыдон дзы æрдомд- той, цæмæй батальоны хæстонтæ партизантæн бахай кæной немыцæгты хотыхтæй. Къоста уыдон зыдта æмæ уарзта хъа- руджын æмæ æхсарджын Евгены. Къоста зыдта, æфтауцдонæй иу нæмыг рахæссыны тыххæй æндæр нæмыг лæгæн йæ къæбутыл кæй æмбæлдзæн знаджы 239
къухæй. Сæрибарыл тохгæнджытæн баххуыс æй бæгуы фæн- дыд, фæлæ хъуыддаг афтæ тæссаг уыд æмæ ма уæддæр загъта партион æмбырдьг. — Мæн ардыгæй удæгасæй аирвæзыны ныфс нæй. Фæлæ уæддæр цьшæ вæййы, лæджы дон куы ласы, уæд хиталæгмæ дæр февналы. Чи зоны æмæ ма сымахæй исчи аирвæза. Ис мын бинонтæ... сывæллæттæ. Зæгъут-иу сьш: «æгады сæфт нæ фæ- кодтон». Æмæ ныр, мæнæ йæ куысты фæстæ Къоста æнцопæй улæ- фы. Кæсы тар арвмæ, дыдзырухсгæнæг стъалытæм. Æхсызгон ын у, йæ сусæг куыст кæмæндæр ахъаз кæй у знаджы ныхмæ тохæн. Диссаг уыди Евгены архайд. Голландийы партизантæм- иу хæстон æрмæджытæ хæссæн куы .нæ уыди, уæд-иу йæхæдæг скодта немыцаг афицеры дарæс, стыр хызын-иу байдзаг код- та хæлæн æрмæджытæй, абадт-иу велоныл æмæ-иу. фæцагайд- та уынгты. Къоста каст ацы æвзоиг лæппуйы æнахуыр м/итæм æмæраци йæ зæрдæ йе ’рдхорды сгуыхтдзинæдтæй. Рæсугъд у Зандворт, уæлдайдæр та уалдзыгон. Денджыз-- хæстæг, умæл, фæлмæн уæлдæф рæуджытæн дæтты улæфт æмæ æнцойад. Фæлæ зæрдæмæ нæ хъуысы уыцы æнцойдзинад. Немыцаг æфсæдтæ цас тынгдæр цыдысты дæрæнгонд, цас тынгдæр лыгъдысты фæстæмæ, уыйас батальюны уавæр кодта зындæр. Немыцаг хицæуттæ цыфæнды чысыл аххосаджы тых- хæй дæр топпы дзыхмæ æвæрдтой уацайрæгты. Фæлæ иугæр Голландийы партизантæ æмæ батальоны раз- загон сконд цæттæ кæнын райдыдтой растадмæ, уæд дзы фæс- тæмæ лæууæн нал уыд. Хæст тагъд фæуыдзæн, зæгъгæ, уыцы ныфс уæигтæн тых лæвæрдта, зæрдæйыл базыртæ садзын рай- дыдта. Уацайрæгты фæндыд, уыдон дæр иумиаг фæуæлахизæ^ исты куы баххуыс кæниккой, сæ маст истæмæй куы ссæуид цыфыддæр знагæй. Къостайы дæр разæнгард кодта ацы бæллиц. Къоста бон цы æфтауцдоныкуыста æмæ-иу æхсæв кæй хъахъхъæдта, уый фарсмæ уыди æндæр авфтауцдон. Немыцæгтæ Къостайæп бахæс кодтой, цæмæй уыцы дык- каг -æфтауцдоны хъахъхъæаджытæн сæвæрдтаид пец. Къул бахъуыди хуынкъ кæнын. Немыцаг лейтенант къухæй ацамыд- та, къул кæм фæхуынкъ кæнын хъуыди, уымæ. Немыц цы сæфтой! Хæдзæрттæ голландиаг дзуттæгты уыдысты. Куыддæр гитлеронтæ Голландимæ æрбахæстæг сты, афтæ уыдон фæй- нæрдæм фæлыгъдыстй: чи Англисмæ алыгъд, чи та — Америк- мæ. Къоста къул фæхуынкъ кодта. Къул разынд дывæр фæй- нæджытæй арæзт. Дыууæ къулы ’хсæн та, цæмæй хъармдæр уыдаид, уый тыххæй æвæрд уыди денджызаг хус кæрдæг. • 140
Æвирхъау хъуыдыйæ Къостайы зæрдæйыл цины арт сир- ззæзт. Адæймаг исты фыдми куы аразы, ,уæд сар æмæ тыхст вæййы. Фæлæ Къоста та цин кодта. Пецы трубæйы бынат ми- дæгæй афтæ ахуынкъ кодта, зестмæ æнгом куыд уыдаид, акæс- гарйæ дзы куьшницы зьшдаид. Æдде та йæ дардыл æрзылдта æмæ трубамæ бангом кодта хус кæрдæг. йæхæдæг .скодта ухъаззаг арт. Пецы раз цы сугтæ уыди, уыдон иууылдæр ба-н- дзæрста. Иæхæдæг рацыд дуармæ, фæдзырдта хъахъхъæнджы- тæм дæр æмæ семæ райдыдта хынджылæг кæнын, цыма никуы æмæ ницы. Уыцы рæстæджы йæ хъус дары мидæмæ дæр. Æрæджиау ныггуыпп кодтой хус фæйнæджытæ, н,æрын ,æмæ хæльш райдыдтой гранаттæ, минæтæ, халæн æрмæджытæ. Цыбыр дзырдæй, сахатмæ сыгъд фæци æфтауцдон. Æрæмбырд æнæхъæн батальон. Цынæ фæкодтой, фæлæ дзы ницы рауад. (Лоладзе Шалвайæн ма дзы, мæгуыр, йæ къух дæр фæцæф — гра-наты аеви йыл минæйы схъис сæм- бæлд», — дзуры Къоста. Бакрадзе фæ<сидт Къостамæ. йæ гæндзæгътæ цæгъды,' хъæр кæны, домы, пдæмæй Къоста «басæтта йæ фыдракæндыл. — Æлдар, æз ам .æппьиндæр иицы аххосджын дæн. Загъ- той мын: «къул фæхуынкъ кæн» æмæ йæ фæхуынкъ кодтон. Дæхæдæг ма раст зæгъ: мæ бон уыди, бардзырд ;нæ сæххæст кæнын? Къоста фервæзт фыдбылызæй. Фæлæ немыцæгты карцеры дыууæ къуырийы ахырхта. Къоста æмæ йе ’мбæлттæ раджы систы, батальоны гуыр- дзиаг хæстон архайдмæ бацæттæ кæныны активон кусджы- тæ. Крушинæйы ма куы уыдысты, уæд æрдардтой сæ цæст батальоны разамонджытæ Къостамæ, куыд ныфсхаст æмæ æвзыгъд адæймагмæ, афтæ. Уымæ гæсгæ Къоста хайад иста батальоны æнæлегалон æмбырдты æмæ активонæй æххæст кодта партизанты ахсджиагдæр хæ<слæвæрдтæ. Æмбал М. Кочиашвилийы чиныг «Гуырдзиаг партизантæ Голландийы», зæгъгæ, уым фыстæуы: «1944 азы 5 марты уыди батальоны æнæлегалон инидиати- вон къорды æмбырд, Уыдысты дзы Евген Артемидзе, Серго Гуджабидзе, Аркади Къиладзе, Шалва Нозадзе, Шамше Мгъв- деладзе æмæ æнд. Ацы организацион æмбырды рахицæн æр- Дьщ гуырдзиаг батальоны партион организаци — партион къорд ахæм скандæй — Е. Артъемидзе, С. Гуджабидзе, А. Къиладзе, Н. Гонгладзе, Гойаты Къ % æмæ И. Джанджгъава.» Ацы æмбырд уыди батальоны дæластæрдон партион орга- низаци арæзт куы цыди, уыцы фыццаг бонты, Зандворты. Уæ- дæй фæстæмæ, кæд Гойаты Къоста нæ уыди партийы уæнг, уæддæр йæ тæрхæттыл уыди æнувыд, йæ алы хæслæвæрдтæ да?р ын æххæст кодта æнæзивæгæй, рæстæгыл. Гойаты Къоста гуырдзиаг батальоны цы стыр æмæ зæрди- 16* 241
аг куыст кодта, уый зьшы батальоны партион комитеты 1944 азы 18 июны æмбырды суагъæ æвдæм номырæй: Æнæлегалон куыст хæстон «Гоко» æфтауцæй рахаста æмæ Голландийы партизантæн радта æндæр æмæ æндæр хуыз хæцæнгæрзтæ 63, къухы гранаттæ, 12 килограммы карбит, 9 килограммы тол æмæ æадæр æрмæджытæ». Фæономыг «Гоко» уыди Гойаты Къостайы ном. Фæономыгтæ уыди батальоны гуырдзиаг разамонджытæн дæр. Мастисæн æмæ мæлæтхæссæг бонтæ Знагæй дæ маст райс, уымæй æхцондæр цы уыдзæни адæй- магæн. Батальоны хæстонтæ ацы бонмæ рагæй бæллыдысты, сæхи йæм рагæй цæттæ кодтой. Уыцы фадат сын æрцыди Тес- селы сакъадахыл. Ардæм æрвыст æрцыдысты, немыцæгтæн тæссагдæр чи уыди, батальоны уыцы хæстонтæ. 1945 азы 3 апрелы Ани Клайн батальоны командæкæны- надмæ фехъусын кодта, зæгъгæ уæ 5 апрелы уæхиуæтты ных- мæ тохмæ æрвитынц: Лоладзе, Артемидзе, Гуджабидзе æмæ æнд. стæрхон кодтой, цæмæй 5 апрелы æхсæвы иу саха- тыл скуынæг кæной немыцæгты. Батальон дих уыди ротæтыл, взводтыл, дæлхæйттыл. Алы дæлхайæн дæр хæс æрцыд немы- цæгты бæрæг къорды, науæд та адæймæгты скуынæг кæнын æмæ хæцæнгæрзтæ байсын. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй Ани Клайны фæ- дзæхст — «уацайрæгты науыл ласдзысты» нысан кодта — уа- цайрæгты фæцæгъдын æмæ денджызы ныккалын. Уымæ гæсгæ батальоны гуырдзиаг командæкæнынад немыцы фæцæгъдын кæй стæрхон кодта, уый уыдис иунæг расг тæрхон. Къостамæ дзы хауди, бушкерыцæрæг немыцаг сержанты скуынæг кæнын. Куыддæр 5 апрелы иу сахат сæххæст, афтæ батальон скуынæг кодта гитлеронты. Къоста дæр йæ хæсæй фервæзт цыргъаджы фæрцы. Немыцаджы хотых райста æмæ Æрбаиу Хъæцмæзты Уасилы фырт Иосиф, Къобахидзе, Цогъа- дзе æмæ Уалыйы фыртмæ. Махуæттыл æрцыд стыр зиæнттæ. Фадат нал уыди бата- льонæн фронталон тохтæн. 6 апрелæй суангдæр 18 маймæ ды- дысты хæстытæ. Батальонмæ нал уыд нæмыг, хотыхтæй бирæ- тæ фехæлд, сæ хицæутты фæмарды фæстæ фесæфтысты уыдон дæр. Нал уыди хæлц. Батальонæн нал уыд рæстмæ бастдзи- кад, нал уыди нууон организаци. Уымæ гæсгæ Шалва Лоладзе бардзырд радта, цæмæй рахизой партизанон уавæрмæ æмæ архайой чысыл къордтæй. Уæлдæр цы чысыл къордты кой скодтон, уыдон бахаудтои тынг зынран: фæсте — дон кæмцыд, ахæм стыр къанау, разæй — фæндаг. Лидзæн, фезмæлæн дзы нæй. Уалыйы фырт артилле- рист уыди. Иæ сармадзан æвæрд уыди рындзыл. Ие 'мбал? нæ- 242
мыгхæссæг амард, нæмгуытæ йæм пал баззад. Йе ’мбæлттæм куыд æрцæпбырыд, афтæ йæ амардта немыцаг снайпер. Уыцы рæстæджы фæсте фæзынд немыцаг ’ автоматчик. Зæгъгæ, йæ Къоста нæ ауыдта æмæ нæ фехста, уæд иууылдæр бабын уы- даиккой. Хъæ.цмæзты Иосиф командæ кодта Уалыйы фырт æмæ Кохелашвилийæн. Кохелашвили уыди пулеметæхсæг. Фæлæ уый дæр Уалыйы фырты фæстæ фæмард. Къоста æмæ Гогладзе иумæ баззадысты. Къоста ма абон дæр æрымысы, куыд хъæбатыр æмæ хорз тох кодта. Иудзæв- гар фæтох кодтой дыууæ хæлары. Æвиппайдæй сæм æрбай- хъуыст хъæр: — Къоста! Фæцæф дæн! — уый уыди Хъæцмæзты Иосифы хъæлæс. Къоста æмæ Гогладзе канауы доны ацыдысты Иоси- фы хъæрмæ, йе уæхск уыди пырх. ,Тынг стыхст: «Цы ми ма бакæион? Сæфдзынæн», — сар кодта Иосиф. Бакодтой йæ цып- пæрæм ротæйы штабмæ. Фæстæдæр та ногæй фæцæф. Ацы хатт фæцæф йæ къах. Цæуын йæ бон нал уыди. Уæд йæ пис- толет систа æмæ... ногæй, цæфæй уацары бахауыны ^ бæсты, йæхи фехста. Ацы ныхæстæ куы фæдзурынц Гойаты Къоста, фæлтæрд, ацæргæ адæймаг æмæ хуыцъейаг Кокойты Уасил, уæд сæ куыствæллад æмæ дæрзæг къухæй сæ цæссыгтæ асæрфынц. Батальоны штабы та сын загътой, цæмæй чысылдæр къордтæ ныууой æмæ ныппырх уой хъæдты. Ацы хатт Къоста- имæ æрбаиу сты Чхутиашвили Иосиф, Пичникаури, Чичика- швили Симон (Гуры цæры ныр дæр) æмæ Зазиа. Ацыдысты хъæдмæ. Уыди æхсæв. Фехъуыстой æцæгæлон ныхас. Къоста- йы бардзырдмæ гæсгæ йе ’мбæлттæ æрхуыссыдысты. Куыддæр æрбаввахс сты немыцаг æндæргтæ, афтæ сæ фæкодтой æмыхст. Фондзæй дæр нал сыстадысты. Тесселы сакъадахы иу хъæдвахс уыди немыцæгты минæ- гонд. Партизанон тохы рæстæджы уый уыди батальоны хæс- тонты ирвæзынгæнæг. Немыцæгтæ уырдæм нæ уæндыдысты. Фæлæ батальоны #хæстонтæн уырдæм æнæцæугæ нæ уыд. Не- мыцæгтæм дыккаг хатт удæгасæй бахауын уæддæр мæлæт ны- сан кодта. Æмæ партизантæ разы уыдысты минæтыл ныппырх уæвыныл. Къоста йе ’мбæлтты арæхстгай бакодта минæбынатмæ æмæ сæхи уым бааууон кодтой. Сæ бон нал дæр хæцын уыди, нал дæр исты аразын. Фæллад æмæ стонгæй сæ къахыл нал лæууыдысты. ’ Сæ хæлц уыди хом картоф. Уый дæр сын фаг нæ уыди. Ахæм уавæры бирæ цæрæн кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ Къоста земæ Пичникаури рацыдысты кæрдзын агурæг. Хъæумæ бацæ- уын сæ ныфс нæ бахастой, фæлæ Къоста цы фтауцдоны куыс- та, уырдæм ныццыд æмæ дзы, фосæн кæй фæдæттынц, ахæм 243
кон.центраттæ схастой. Немыцæгтæ сæ ’хстой, фæлæ сæрæгасам аирвæзтысты. Уый уыди сæ хæлц. Цыппар боны фæстæ та Къоста æмæ Зазиа ацыдысты хæлц агурæг. Бахостой, Къоста рагæй кæй зыдта, уыцы бынæттон цæрæгмæ. Уый сын рахабар кодта, зæгъгæ, хæст фæци. ...Къоста рагæй уарзта Лоладзе, Гуджабидзе æмæ Арте- мидзейы. Æмæ голландиаджы афарста, кæм сты, зæгъгæ. — Лоладзе æмæ Гуджабидзе гас нал сты, — уыди йæ дзуапп цыбырæй. Къостамæ цæмæндæр афтæ зыны, зæгъгæ, Лоладзе Шалва уыди æнæмæлгæ адæймаг. Уый ирæттыл тынг æнувыд уыд, бирæ сæ уарзта. Тæссагдæр æмæ уæззаудæр ран- мæ сæ йемæ кодта. Батальоны трагикон æмгъуыд куы ’рхæстæг, уæд бирæ чн- дæртæ фæтасыдысты, уæлахизы ныфс сæ нал уыд. Фæлæ Шал- вайы девиз та уыди: «Кæнæ — сæрибар, кæнæ — мæлæт!» Фæстагмæ ссис æхсарджындæр ,æмæ уыимæ иумæ карздæр — йæхæдæг куыд хæцыд, ахæм тох домдта иннæтæй дæр. Уымæк æмæ батальоны растад немыцæгтæ нæ ныббардзысты. Сæ къухмаьчидæриддæр удæгасæй бахауа, уымæ касти мæлæт. Хæстонтæ ацы хъуыддаг иуыл кæм æмбæрстой. Уыди дзы тæп- пудтæ æмæ уæйгæнджытæ дæр. «Чи зоны, уыдонæй исчи систа йæ къух...» Зын у хæлар æмæ уарзон адæймаджы хъизæмармæ кæ>- сын. Къостайæн ноджы зындæр уыди Шалва Лоладзейы мар- димæ архайын. йемкар, йæ хæлардæр æфсæмæрау æй баны^ гæдта. Сарæзта йын хъæдын цырт дæр. Лæгъзгæнæны алы асæрфт фæрæты алы æркъуырццимæ скъуыд æмæ ,тыдта зæр- дæ, калди цæссыг. Цырты сæр бакодта фондзтигъон стъалы. Голландийæгтæ дис кодтой Къостайы маст æмæ хъынцъы- мыл, «хæст хæст у, зиæнттæ дæр дзы вæййы!», К’Ьоста алкæмæн дæр кæм дзырдтаид йæ зæрдæйы рыст, чырын æмæ цырт аразгæйæ. Шалва Лоладзейы Къоста нæ ба- уагьта æнæ чырынæй ныгæньш. Фæйнæджытæ дæр ын йæхæ- дæг ссардта, Лоладзейы .ингæн ис æфсымæрон иумиаг ингæ- нæй уæлдæр, хибарæй. Цырты æргом здæхт у ’иннæ ингæнты ’рдæм, цыма сæм сæ уарзон командир кæсгæ кæны. Гойаты Къоста фæци йæ ныхас. Æниу йæхиуыл дзурын уый нæ уарзы. Йæ хабæрттæ дзургæйæ, æдзухдæр йе ’мбæлт- ты кой фæкæны, уыдонæй феппæлы, йæ цæосыг тыххæй уром- гæйæ. Стыр хъайтардзинад равдыста, зæгъгæ, иу тохы, уый зæ- гъæн нæй. Фæлæ æртæ азы æмæ æрдæг цы фыдæбæттæ, хъи- зæмæртта^ бавзæрста, уыдоч уыдысты цалдæр лæджы царды фаг. » Фидар удыгъæд, ирон удыгъæд ын радта фадат ацы хъи- за^мæрттæй фервæзынæ<н, уый йæ разæнгард кодта цардмæ, йе 244
’мбæлттæн феххуыс кæнынмæ, се ’мрæнхъ æд хотыхæй лæу- уынмæ. Къоста абон дæр сæрæгас у. Кæд цæфтæ æмæ нуæстæ у, уæддæр йæ сыгъзæрин къухтæ нырма фидар сты. Уыдон ку- сынц, аразьшц. Аразьшц цард, не знæгтæ кæй хæлдтой, уый хуыздæрæй, амондджындæрæй.
Голоты Владимир ЗНАДЖЫ ФÆСЧЪЫЛДЫМ Хæсты дыккаг бон Гулиты Митъа хæрзбон загъта йæ би- нонтæн æмæ едыд фромтмæ. йæ фæдыл фроптмæ ацыдысты йе ’фсымæртæ Алекси, Нестор æмæ Уазмо дæр. Цыппар æфсы- мæры сæ риутæ знаджы топпы дзыхмæ даргæйæ, æххæст кодтоп се ’мбæстагон х,æс — дæрæн (Кодтой немыцаг тыхæйисджыты. Советон хæстонтæ куынæг кодтой знаджы удæгас тых æмт техникæ, цадæггай йын састой йæ тых. Ацы тохты тæккæ цæхæ- ры уыд Митъа дæр. йæ минометы зынгæй ,иу æмæ дыууæ фа- шисты нæ фæм^ард, фæлæ знаджы топпы дзыхæй дæр хыссæйа^ нæмгуытæ мыййаг нæ хауд. Мах адæмæй дæр бирæ цагъды кодта, бирæ цæфтæ уыд. Иу карз тохы фæцæф Митъа дæр. Сармадзаны нæмыг йæ цуры фехæлгæйæ, Митъа ницыуал бам- бæрста. Фæстæдæр æй сыджыты бынæй раластой, йæ къахы туг калд, афтæмæй. Къахæн йе стæг хъыгдард нæ уыд. йæ дзæбæх кæнынæн уый бæрц рæстæг «æ бахъуыд. Гулийы фырт та ацыд фронтм<т æмæ та ногæй дæрæн кодта знаджы, йæ маст сæ ,иста. Фæлæ та дыккаг хатт фæцæф. Ацы хатт ын знаджы нæмыг кыппырх (кодта йе ’фсæр. Ногæй та йæ бахъуыд госпиталы хуыс- сын. Хъæдгом æххæст нæма байгас, афтæ Митъа дохтырты суынгæг кодта, тагъддæр мæ ауадзут, зæгъгæ. Æмæ *та мæнæ уый февзæрд фронты. , Цы стыр зиайнттæ сыл цыд, уыдон ницæмæ даргæйæ, фа- шистон командæкæнынад фронтмæ калдта иог æмаз ног тыхтæ. 246
_д1игьа цы æфсæддон хайы уыд, уый бахъуыд бирæ туг ныкка- лын æмж стыр хъæбатырдзинад равдисын. Немыцæгтæ атакæ- *иы цыдысты, фæлæ сын уæддæр нæ бантыст хъæбатыр советои гсæ-стонты фæстæмæ алæууын кæнын. Æртæ бон æмæ æхсæвы тох нæ банцад, цыштæрæм суткæйы <5оны ’рдæм æхст æрсабыр, лемыцæгтæ никæцæй уал зындыс- тьг. Фронт куы ’рсабыр (вæййы, знагæй хъыпп-сыпп куынæ фæ- чъуыюы, уæд хæстонтæ тынгдæр фæтыхсынц. Ацы хатт дæр аф- тæ. Ныхмæлæууæг куынæ уал зынд, уæд .нæ хæстонтæ тыхсын райдыдтой. Æмæ дзæгъæлы мыййаг нæ тыхстысты. Тох та но- гæй куы сцырын, уæд æй бамбæрстой, æфсæддон хай æрхъула* йы кæй бахауд, уый. Советон хæстонтæ бафæлвæрдтой æрхъулайæ тохты фæр- цы рацæуыныл, фæлæ уый бафтыд хæрз стæмты къухы. Бирæ- тæ сæ мæлæт ссардтой уазал быдырты, иуæй-иутæ та фæцæф -сты, афтæмæй бахаудтой уацары. Митъа дæр фæцæф, митыл дæлгоммæ хаудæй лæзæрд, афтæмæй йæ ссардтой гитлеронтæ. Уацайраг адæймагæй æнамонддæр нæй. Цы фыдæбæттæ Тшн нæ бавзарын кæнынц. Æмæ æрмæст фыдæбæттæ куы уаик- кой! Адæймаджы сæ къæхты бын сыссæндынц йæ сагъæстæ æмæ рæсугъд хъуыдытимæ иумæ. «Фыдгул знаджы къухты уацары бæсты мæлæт хуыздæр л», — загътой бирæтæ æмæ сфæнд кодтой лагерæй алидзын. Гу- литы Митъа дæр уыд уыдонимæ. Партизантыл амбæлдзысты, зæгъгæ, ахæм бæллиццимæ- фæндзай адæймаджы æнæхъæн мæй рацу-бацу кодтой хъæдты æмæ цъыфдзастыты. Фæндзай адæймагæй ма партизанты рæн- хъытæм бахауд æрмæст 26 лæджы. Иннæтæ фæндæгтыл базза- дысты чи мардæй, чи та æрдæг мардæй. Митъа йе мбæлттимæ бахауд Ковпакы номыл 1-аг украи- ыаг партизанон дивизимæ. Æртыккаг ротæйы æртыккаг взводы хæстон Гулиты Никъа- лайы фырт Митъа бирæ тохты хайад райста. Йæхи нæ фæху- линаг кодта. Ам дæр та ирон лæг фенын кодта хъæбатырдзи- над æмæ знагæй иста йæхи æмæ йæ адæмы мæстытæ, кæм сыл яыдзæвд, уым сæ йæ" пулеметæй карста. Мæнæ гъе йæ хæстон партизанон цардæй цалдæр нывы. Хъæдгæрæтты цыд фæндаг. Ацы фæндагыл немыцæгтæ фронтмæ ластой салдæттæ, хæцæнгæрзтæ, хæстон æрмæджытæ, ^æлцадон продукттæ. Фæндагыл цы автоколоннæтæ цыд, уыдоны тыхджын хъахъ- хъæдтой, .æгæрыстæмæй ма сæм уæлдæфæй дæр ’сæ хъус дард- той сæ хæдтæхджытæ. Фæлæ партизантæ уæддæр сæ куыст код- той. Æртыккаг ротæйæн бахæсчындæуыд, салдæттæ чи ласта, -ахæм автоколоннæ ныддæрæн кæнын. Командир фæсидтис пу- леметчиктæм æмæ сæ бафæдзæхста: 247
— Ма фæтагъд кæнут, æввахс сæ æрбауадзут. Куыддæр разæй цы машинæтæ цæуой, уыдон минæтыл спырх уой æмæ, колоннæ æрлæууа, афтæ уæ алчи йæ бынатæйæхсын райдайæнт.' Фæцырд ут, цы къæпхæны бахаудтой, ууыл ахъуыды кæныны фадат ’сын ма радтут. Гулийы фырты пулеметон расчет хъæды æрымбæхст. Пуле- метчиктæн сæ каст уыд фæвдагмæ. Уалынмæ кæсынц æмæ ра- зынд иу машинæ, йæ фæдыл æндæртæ. Алы машинæйы дæр, уыд пулеметтæ, салдæттæ. «Уыдонæй иу дæр фронтмæ м.а хъуамæ баирвæза, — хъуы- ды кодта Митъа æмæ йе ’мбæлтты фæрсы, алцы дæр йæ бынаты ис, зæгъгæ. — Цæттæ стæм, — дзуапп радтой уыдон. — Уæдæ куыд загътон, афтæ. Уальшмæ минæтæ схэдыдысты æмæ, колоннæйы разæй цы машинæ цыд, уый хæрдмæ фæхаудта æмæ ныппырх. йæ фæ-> дыл цы машинæтæ уыд, уыдон дзыхълæуд фæкодтой. Парти-. занты дæр уый хъуыд. Алырдыгæй скуыстой иулеметтæ. Не- мыцæгтæ ма автомашинæтæй гæппытæ кодтой æ,мæ æхстой, фæ- лæ сæ нæм!гуытæ иу стæмты йедтæмæ дзæгъæлы тахтысты. Ми-- тъа йæ пулеметы дзых здæхта, гитлеронтæ фылдæр кæм уыдыс- гы, уырдæм æмæ сæ цагъта. Уалынмæ ротæйы хæстонтæ «Ура» хъæргæнгæ æмбæхсг бынæттæй разгъорстой æмæ сцырын лæгæй-лæгмæ тох. Гитле- ронтæй ма удæгасæй чм. аирвæзт, уыдон оæ къухтæ хæрдмæ сдардтой. Фæстæдæр машинæтæл сæ пиллон калд, партизантæ хъæды арфмæ сæхи айстой, уацайрæгтæ акæ’нгæйæ æмæ сын сæ хæ- цæцгæрзтæ байсгæйæ... Иу ран партизанты бахъуыд фондз бон æмæ æхсæвы æнæ- рулæфгæйæ тох кæнын. Тохы дыккаг бон сæм нæмгуытæ уый- бæрц нал уыд. Уæд сæ хистæр бардзырд радта нæмгуытыл дуæрдын. Ацы тохы уыд Митъа дæр. Немыцæгтæ уыдысты би- рæ æмæ хæцæнгæрзтæй ифтонг. Партизанты алыфарс немьщæг- ты æрхъулайы цæг къаннæгæй-къаннæгдæр кодта. Уæд парти- зантæ сæ уавæр фехъусын кодтой Стыр зæхмæ æмæ сын æх- сæвы нæ тæхджытæ паращюттыл æрыппæрстой (нæмгуытæ æмæ продукттæ. Уый иартизантæн радта тых æмæ хъару æмæ ,ды- вæр-æртывæр тыхæй райдыдтой тох кæ’нын. Ам Гулийы фырт равдыста уæлдай хъæбатырдзинад. Вершигорайæн уьш хъаеба- тырдзинады тыххæй куы радзырдтой, уæд ын партизанты раз йæ къух райстэ, йе фцæгыл ын атыхст, йæ ныхæн ын апъа код- та æмæ йын загъта: — Еæдæйнаг, Гулийы фырт. Райгуырæн бæстæ дьш нæ фе- рох кæндзæн дæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ. Иу æндæр тохы та Митъа уæззау цæф фæци æмæ йæ æхсæ- 248
вы партизантæ Стыр зæхмæ рарвыстой хæдтæхæгыл. Киевы госпиталы хуыссыд æмæ инвалидæй сæхимæ æрыздæхт. Ам уый базыдта йæ æртæ æфсымæры хъысмæт: уыдон сæ цард радтой райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады тыххæй. Ми- гьа удæгасæй -нал æрæййæфта йæ фыд Къола æмæ йæ хъомыл- гæнæг (сьшæллæттæ чысылæй сидзæр баззадысты), йæ фыды мад Зæлианы дæр. Мастæн йæ бон бирæ у, дуры хуылфмæ- дæр бахъары. Ныртæккæ Гулиты М. цæры Ленингоры районы Дзеглеуы хъæуы. йе ’мкъай Тамараимæ сын ис цыппар сывæллоиы. Уы- донæй дыууæ — чызджытæ сæ ямонд ссардтой, дыууæйæ та лæппутæ — Авто æмæ Гиви нырма ахуыр кæнынц. Митъа йæ хъæуы фæсивæдæл арæх фæдзуры, Стыр Фыды- бæстæйои хæсты азты хъæбатыр партизантæ знаджы фæс- чъылдым цы тохтæ кодтой, уыдон тыххæй. — Макуы фенут хæст, мæ хуртæ. Уымæй стырдæр æна- монддзинад зæххыл ницы ис, — балхынцъ кæны йæ ныхас хъæ^ батыр партизан.
Бæциаты Агуыдг> ГУСАТЫ ГЕОРЫХÆЦÆНТÆ Уалдзыгон райсом дзыллæтæн царды хос æрхаста. Боны цъæхтæн фæстæмæ йæ хæдзары зылдтытæ фæкодта Гусаты Аминæт дæр. Ныр рацыд уьшгмæ. й,æ цæст ахаста адæ- мыл. Æхсызгон ын у цардæфсæст дзыллæтæм кæсын. Фæлæ цыма цæуылдæр сагъæс кэ&ны. Аминæт йæхи сындæггай кæрты дуармæ чысыл бандоныл æруагьта, фæлæ йын йæ хъуыдыты нывæзт фехæлдта кæйдæр ныхас. — Аминæт, писмо дæм! ’ Аминæт п.исмо райста, лæмбынæг æм æркаст, фæлæ йын куы ницы равзæрста, уæд æй, йæ уæлхъус цы скъоладзау лæу- уыд, уымæ радта: — Бакæс-ма йæ, >мæ хур. Цы фыст дзы ис? Чызг конверт райхæлдта æмæ райдыдта кæсын: «Зынаргъ Аминæт, дæ бонтæ хорз. Рацыд дыууæ ’мæ ссæдз азы, дæ фырт Георги йæ цард Фыдыбæстæйы сæраппонд ны- вондæн куы ’рхаста, уыцы бонæй. Зын у æппæт мысын, фæлæ мæхи иыхъхъæбæр кодтон æмæ дæм фыссьш. Фыццаг хатт фем- бæлдыстæм Миус-фронты. Ам уыд стьгр тох. Георги йæхи хъæ- батырæй равдыста æмæ йын лæвæрд æрцыд Александр Нево кийы орден. ’ Георгийы батальоны æз уыдтæн фæскомцæдисонты раза- 250
^анæг. Зын уыд ’мæнæн, иунæг «сылгоймагæн, фæлæ Георги уыд æфсармджын, цæхæрцæст, ныфсхаст командир, мæнæн та хорз æмбал. Миус-фронтæй суанг горæт Мелитополмæ цыдыс- тæм карз тохы тымыгъты, тæссаг фæндæгтыл/ Фæлладуадзæе сахаттьниу уыд хъæлдзæг. Бирæ рæсугъд хъуыдытæ нæм уыд. Сфæнд кодтам хæсты фæстæ нæ цард баиу кæнын, фæлæ ’нын æнæхатыр знаджы нæмыг нæ бæллицтæ аскъуыдта. Уый уыд горæт Мелитополы карз хæсты. Фыдгул æппæт мадзæлттæй дæр архайдта йæхи ныффидар кæныныл, фæлæ дæрæнгонд æр- цыд. Ам уæззау цæфтæ фæцис Георги. Бæргæ йæ ссардтаин, фæлæ мæхæдæг дæр уыдтæн цæфтæ. Мел,итополыл тохы .æгæрон ныфсхаст æм,æ домбай зæрдæйы хицау кæй разьшд Георги, уын тыххæй йын лæвæрд æрцыд Суворовы орден. Зынаргъ Аминæт, тынг зæрдиагæй мæ фæнды дæу’феньш. Амал куы фæуа, уæд æнæмæнг фембæлдзыстæм. Мæнæн зы- наргъ у Георгийы ном, никуы мæ ферох уыдзæн йæ рæсугъд сурæт. Советон Цæдисы Хъæбатыр Мария Степановнæ Батра- кова». Райста Аминæт писмо. Аив æй батыхта йæ хурсыгъд къух- тæй, йæ риумæ йæ тыхджын нылхъывта æмæ сыстад. Зæронд усы йæ хъуыдытæ ахастой ивгъуыд замантæм. Æрæмысыд йæ хъæбулы сабийы бонтæ. Арæх-иу цыд чысыл Гоги Теркмæ йæ- хи найынмæ. Араст Аминæт уырдæм. Цæуы Амлнæт райдзаст уынгты. Æмбæлынц ыл хъæлдзæг фæсив,æд, йæ зонгæтæ, йæ сыхæгтæ, фæлæ никæйы уьшы. Мæнæ æрбахæццæ, йæ хъæбул-иу доны был цы стыр дурыл Оадт, уымæ. йæ рæвдауæг къух ыл авæрдта, æрæсгæрста йæ æмæ йыл ныддæлгом... Уадзæм ныййарæг мады йæ сагъæсты бар. Фæлтау ма ра- дзурæм Гусаты Гогийы царды хабæрттæ, ракæнæм æвзыгъд хæстоны цыбыр, фæлæ рæсугъд таурæгь. Гога рай.гуырд ссæдзæм азы... Хæрз сабийæ дæр, йæ райгуырæн хъæу Веселийыл фæлгæс- гæйæ-иу хъуыды кодта: «Мæ хъæуæй стырдæр æмæ рæсугъд- Дæр хъæу нæй. Нæ донæй арфдæр æмæ уæрæхдæр нæй». Афтæ гуырд æнахъом сабийы зæрдæйы уарзондзинад Райгуырæн бæс- тæмав, афтæ æхсыст йæ чысыл къабæзты хъару, тых æмæ ныфс. Уыдис ын æмбæлттæ. Æцæг лæгтау-иу ныхас кодтой. Хъуыддагхуызæй-иу фæцæйцыдысты уынгты æртæ ’мбалы: Гу- саты Гоги, Гаджиты Юри æмæ Доййаты Зауырбег. Цин код- той сæ ныййарджытæ: «Æнæмæнг стыр лæгтæ ’суыдзысты...» Амондджын сывæллæттæи сæ м.адæлтæ æмæ фыдæлтæ иу- хуызон амондджын вæййынц. Æртæ ’мбалæн иу хæдо>н дæр уæ- рæх уыд. Æхсæвæй-бонæй кæрæдзийæ нæ цух кодтой. Кæм сыл- иу баталынг æртæ хæдзарæй, уым-иу баззадысты. Æхсæв сыл- иу дзургæйæ æрбабон. Кæрæдзийæн дзырдтой сæ бæллицтæ, 251
сæ фæндтæ. Кæй сæ фæндыд æфсæддон скъола фæуын, кæй дохтыр суæвын, чи та сæ бæллыд хæхты сусæгдзинæдтæ сга- рынмæ. 1940 азы Ирыхъæуы фæсивæдæн уыд стыр бæрæгбон. Æр-. тындæсæм скъола каст чи фæцис, уыдоны цинæн кæрон нал уы- дис. Фесты скъола æртæ ’мбалы æмæ сæ алчи дæр йæ зæрдæйы фæндоныл ацыд. Фæлæ фæндтæ иудадзыг адæймагæн йæхицæй аразгæ нæ вæййынц. Райдыдта хæст. Дзыллæтæ хæсты быдырмæ аивыл- дысты. Нæ хистæртæ арæх фæдзурынц: «Æвæдза, цы фæсивæд нæм уыд! Æвæдза, цы фæсив’æд аныхъуырдта хæст!» Гъе, уыцы фæсивæдимæ уыдысты Доййаты, Гаджиты æмæ Гусаты лæппу- тæ дæр. Знаг лæгæрста размæ: Гусаты Гоги æрвыст æрцыд миноме- тон училищемæ Свердловскмæ. Æхсæз мæймæ йæ каст фжцис æмæ бахаудта карз тохы уылæнты. Фыццаг хатт хæсты тымыгъ- ты бацыд Харьковы бынмæ. Бирæ нæ фæхæцыд. Фæцис уæззау цæфтæ æмæйæ аластой Миллеровомæ. Йæ цæфтæ нæма сдзæ- бæх сты, афтæмæй йæхи ракуырдта тохы быдырмæ. Хæст кодта карзæй-карздæр. Немыц æрынцадысты Сталин- грады бынмæ. «Кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт», — ахæм хъуыдытимæ тох кодта Гусаты Гоги дæр Сталинграды. Æмæ та ногæй уæззау цæф фæцис. Куырдта, цæмæй йæ госоиталмæ ма арвитой, фæ- лæ йæ хъæдгæмттæ тæосаг уыдысты æмæ йæ аластой Павло- дармæ. Сдзæбæх æмæ та æрлæууыд йæ хæстон æмбæлтты фарсмæ, бырста размæ. Миус-франт... Æмбисандæн баззадысты амы тугкалæн хæс- тытæ. Сæ тымыгъты уыд Гусы фырт дæр. Ардæм Готимæ ныхъ- хъуыст æнамонд хабар: «Доййаты Зауырбег хæсты быдыры фæ- мард». Масты цæссыгтæ, хæрамдзинад фыдгулмæ фыхт йе ’ры- гон риуы. Æмæ та йæ хæстон æмбæлтгамæ размæ афсæрста Гусаты дыууæ ’мæ ссæдзаздзыд каиитан. Фесты Миус-фронты карз хæстытæ. Знаг лыгъдис дон Молочнаяйы ’рдæм. Стонг би- рæгътау сæ ных сарæзтой горæт Мелитопол-мæ. Миус-фронты Гоги йæхи иттæг куырдиатджын разамонæгæй кæй равдыста, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Александр Невскийы орден. Фæлæ уый фыццаг орден нæ уыд. Цыппар хæстон ордены æмæ цалдæр майданы цæхæртæ калдтой Гусаты сагсур лæппуйы фæтæн риуыл. Дзæвгар рæстæг æрфидар знаг Мелитополы къæсæрыл. Фыдгул æмбæрста, горæт Советон Æфсады къухы ^куы бафта, уæд ын бьшат кæй нал уыдзæн Украинæйы зæххыл, Хъырымы уацары бахаудзысты егъау æфсæддон хæйттæ. Знаг арæзта фи- Дæрттæ. Уый тыххæй бæлвырд фыссы йæ хæстон очеркты 252
2 Величко. Уæд уый куыста тазет «Правда»-йы уацхæссæгæй: «Горæт Мелитоттолмæ бацæуæны знаг сарæзта æнæбасæт- гæ фидæрттæ. Цыбыр рæстæгмæ уыдон самадтой, йæ дæргъ 300 метры кæмæн уыд, йæ бæрзæнд — 5 метры, ахæм сис. Фидар- мæ бацæуæны знаг байтыдта 130 вагоны минатæ, 340 вагоны сындзтел. Фæсфронтæй мах æфсæдтыл ихуарæгау кодтой алы- гъуызон хæцæнгæрзты нæмгуытæ. Немъщаг æфсады разамонджытæй иу — инæлар Холлидт йæ ныфс бирæ хъуыддæгтæм хаста ацы фидарæй. Хъуамæ къа- хыллæууæг мауал ныууагътаиккой мах æфсадæй. Немыц сæ фидары рахуыдтой «Вотан», ома хæсты хицау. Немыцаг æф- сады разамонджытæн сæ зæрды уыд Сырх Æфсады ам бауро- мын, ныддæрæн кæнын æмæ та уалдзæджы ногæй Скæсæнмæ абырсын. Фæлæ советон полчы .командир майор Василий Банчило «райхæлдта» знаджы сусæгдзинад. Полчы командиры бар- дзырд æххæст кæнын райдыдтой 1943 ’азы 30 сентябры æртæ комбагы*. Александр Широкобоков, Алексей Кальныш æмæ Гу- саты Георги. Уыдон сæ батальонтæ æваст, æнæнхъæлæджы æрбахæстæг кодтой фидармæ æмæ рæстæгмæ æрæмбæхстысты хъæу Мордвиновкæйы. Дыккаг æхсæв иу сахатыл ныццæлхъ кодтой æрвнæрæгау сармадзантæ. Райдыдта тох, мæлæтдзаг тох. Æхсæзыссæдз са- хаты — фондз боны æмæ фондз æхсæвы немыцаг цыппар полчы советон иу полчы ныхмæ сарæзтой æртычдæс æмæ дыууиссæдз •ныббырсты. Фæлæ фидар лæууыдысты Гусы фырт, А. Широко- боков æмæ А. Кальнышы батальонтæ. Æртæ батальоны дæр схызтысты фидар «Вотаны» сæрмæ. Лыгъдысты лæбурджыты æрдонгтæ сæ туджы мæцгæ. Цæф сыр- дау знæт знæгтæ æрбаппæрстой ног пол.к. Райдыдта хъæбыс- хæст. Æртæ ^ком’баты разæй алæгæрстой, сæ фæдыл мæлæтдзат тохы бацыдысты се ’фсæддонтæ. Фæллад æмæ мæстæлгъæд со- ветон æфсæттæ туджы зæйы размæ лæгæрстой. Гусаты Георги абырста размæ, йæ джебогъы фындзæй фæйнæрдæм немыцæг- ты пырх кæнгæ. Фæлæ уæззау цæфтæ фæцис æмæ зæххыл æр- хауд». «Вотан» райсьшы тыххæй Гусаты Георгийæн лæвæрд æр- Цыд фæндзæм хæрзиуæг Суворовы орден. Гусы фырт дарддæр кодта хъæбатыр тох Украинæйы зæх- хыл æмæ йын йæ рæзгæ уд æрхаста (нывондæн. Ирыстонмæ ооыд йæ сау гæххæтт: «Зынаргъ ныййарджытæ, уæ фырт Гуса- ты Георги йæ цард нывондæн æрхаста райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Фæмард 1944 .азы 22 я^нвары. Ныгæд æрцыд Запо- рожьейы облæсты хъæу Ново-Петровкæйы зæххыл». Афтæ банцад æнустæм æхсидгæ зæрдæ йæ куыстæй. Ново- Петровкæйы хъæуы цæрджытæ хорз хъуыды кæиынц хъæба- тыр хæстоны. Гошйы хо Таня ацыд, йе ’фсымæр кæм ныгæд 253
ис, уырдæм. Хъæуы цæрджытæ йын лæмбынæг фæдзырдтой хъæбатыр хæстоны хабæрттæ: «Мæлæтдзаг цæфæй йæ æрхас- той æф’сæддонтæ. Бирæ нал ахаста. Æфсæддонтæ сæ команди- ры мардыл бирæ фæкуыдтой, бæрæг уыд, уыдон сæ хæстон æм~ балы туг кæй райсдзысты. Сарæзтой йын чырын æмæ йæ баны- гæдтой. йæ ингааныл ын агуыридурæй сарæзтой цырт æмæ йыл ныффыстой: «Ам ныгæд æрцыд советон адæмы уарзон хъæбул Гусаты Георги. Фæмард хъæбатыры мардæй». Фæстæдæр Геор- гийы ингæны алыварс ’ныгæд æрцыдысты иннæ хæстонтæ, æмæ дзы арæзт æрцыд æфсымæрон ингæн. Нæ рох кæяынц бьшæттон цæрджытæ хъæбатыр хæстонты ингæн. Æнустæм банцад йæ домбай куыстæй Гусаты Гогийы цард- мондаг зæрдæ, фæлæ йыл йæ иубæстæгтæ скодтой хъæбатыры зарæг.
ДАТИТЫ ÆФСЫМÆРТÆ Блуаты Алик ÆНУСМÆ ХЪУЫСДЗÆНИ СÆ ЗАРÆГ... Тынг сырæзыд мæ райгуырæн хъæу Хæтæлдон. Хæсты раз- мæ хæрзчысыл хъæу уыд, Алагиры фæндагæй бакæсгæйæ, ди- динджыты хуымау зынд рæсугъд æрдзы хъæбысæй. Фæлæ уæл- дай рæсугъд йæ адæмæй уыд æмæ у мæ хъæу. Сæ зæрдиаг фæл- лойæ, Райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинадæй. Ныртæккæ уыйбæрц нал зынынц хъæуыл æнæуынон хæсты фæдтæ. Байгас сты йæ хъæдгæмттæ. Хæлд хæдзæртты бындур- тыл сарæзтой ногтæ. Адæмæй дæр, цыма, сæ судзаджы хабæрт- тæ байрох сты, афтæ фæкæсы фыццаг бакастæй. Фæлæ исты ахæм кой куы рацæуы, уæд .ныййарджытæй бирæты цæсгæмт- тыл фæзыны сæ уарзон хъæбулты сæфтыл сагъæсты фæд. Сæф- гæ та хъæуы æвзаргæ фæсивæдæй бирæ фæкодта, Фыдыбæстæ- йы Стыр хæсты хъа&батырæй тох кæнгæйæ. Ирыстоны, æвæццæгæн, алчи дæр фехъуыста хæтæлдойнаг лæппу, Советон Цæдисы Хъæбатыр Кцойты Петры хъуыддæгтæ. Абон уый кой нæ кæндзынæн. Фæлæ нæ хъæуæй æппæты фыц- цаг фæмард сты Датиты дыууæ фаззоны æмæ мæ уымæн фæн- Дыуыдоны тьтххæй радзурын. Бынтон æмхуызон уыдысты Абе æмæ Бути. Асæй уа, уæнг- ты кондæй, цæсгомæй, хъæлæсы уагæй. Суанг ма, дам, сæ мад Быгьуылон дæр нæ иртæста хатгай, чи дзы кæцы у, уый. Иумæ 255
ра^зыдысты. Иумæ бацыдысты хъæууон скъоламæ. Иумæ йæ каст фесты. Стæй сæ размæ æрлæууыд дарддæры царды фæн- даг. Æппынфæстаг сфæнд кодтой горæт Орджон>икидзейы æф- сæддон училищемæ бацæуын. Каст æй фесты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæнæй 12 боны раздæр — 1941 азы 10 æм июны. Дыууæйæ дæр райстой лейтенанты чин. Семæ чи ахуыр кодта, ахæм Беккуызарты Са.вели цыбырæй афтæ зæгъы Датиты фаззæттæй: «Æз хорз хъуыды кæнын Абе æмæ Бутийы. Иумæ бацыдыстæм училищемæ. Иумæ йæ каст фестæм. Уæздан, хæларзæрдæ лæппутæ уыдысты. Ахуырмæдæр æмхуызон зæрдæргъæвд. Уый тыххæй сæ тынг уарзтой се ’мбæ- лттæ, училищейы разамъшд. Дыууæйæ дæр систы фыццæгæм къæпхæны ’опортсментæ. Училище каст фесты иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Æз хæ- ларæй цардтæн семæ, кусынмæ нæ арвыстой хицæн рæттæм: мæн Винницæйы областмæ, уыдон та — Карпатмæ, паддзаха- дон арæнтæ хъахъхъæнынмæ. Кæрæдзимæ писмотæ «ыффыссын дæр <нæ къухы нал бафтыд, уымæн æмæ уайтагъд немыц æрба- лæбурдтой. Æрмæст хæсты фæстæ базыдто’н, Абе æмæ Бути кæй фæ- мард сты, уый. Фæлæ æз цы Дыууæ лмппуйы зыдтон, уыдонæй мæ бон фадарæй зæгъын у, знаджы цур сæ сæр дæлæмæ кæй ялкуы æруагътаиккой, уый». Ахæм уыдысты ме '’мхъæуккаг дыууæ фаззоны. Хæстытæк- кæ райдианы фæмард сты нæ Райгуырæн бæстæйы арæн хъахъ- хъæнгæйæ. Нæ фæтарстысты знаджы æнæнхъæлæджы æрбалæ- бурдæй. Нæ фыдæлты фæдзæхст, худинаджы бæсты — мæлæт! — зæгъгæ, уый сæххæст кодтой. Цыбыр, фæлæ сыгъдæгзæрдæ цард фæкодтой Абе æмæ Бу- ти. Мæн фæиды, ^цæмæй сæ рухс ном мыггапмæ баззайа хъæу- бæсты æхсæн, цæмæй йæ ма рох кæной кæстæр фæлтæртæ дæр. Поэт нæ дæн, фæлæ уæддæр зарæг -скодтон Датиты фаззæттыл. Æмбарын мæхæдæг дæр, бьгнтон лæгъз фыст кæй иæу, уый. Фæлæ зарæгæн йæ алы ныхас дæр арæзтон мæ зæрдæйы мыр- тæй. ДАТИТЫ ФАЗЗÆТТЫ ЗАРÆГ Ой, мæнæ тох, уæлахизы тох, Датиты фаззæттыл ныккодта, Ой, Карпаты хæсты. Æнамонд уæзæг, ой, сæрибары цард халыны фæнд скодта, Ой, нæ Райгуырæн бæсты. Ой, мæнæ тох! Кæсут йæ тыхмæ, арт æфтауы нæ зæххыл. Ой, бирæгъау ниуы йæ тулгæ уæрдон. Хъæбатыр фаззæттæ, ой, карз тохы уаритау сæ бæхтыл, Ой, фыдызнаджы фæкодтой судзгæ сыгъдон. 256
Ой, мæнæ тох! Хæсты бон кæрдæджы сойæ сæ цæфтæ бастой, Ои,Датиты барджын фаззæттæ. Уæззау тохы, ой, фыдызнаджы фидæрттæ састой, Ой, ма ферох кæнæм сæ кадджын нæмттæ. Ой, мæнæ тох! Уæззау хæсты фаззæттæ, фыдызнаджы кæм уагътой, Ой, æхсаргарды цæфæй. дбе ’мæ Бути, ой, цъаммар знæгтæн сæ удтæ ластой, Ой, рæзгæ царды мæстæй. Ой, мæнæ тох, тугисæн тох! Абе, дам, Бутийæн загъта: Ой, ныссæттæм фыдызнаджы къæлæт. уЕрмæст ныййарæг мад, ой, Быгъуылон йæ хъæбултæн загъта: Ой, худинаджы бæсты хуыздæр у мæлæт! Ой, мæнæ тох, Уæлахизы бон йæ хъæбулты нал федта ныййарæг Ой, мæлæт — æнæхатыр фыдгултæн!.. Æнусмæ, ой, хъуысдзæнис кадимæ сæ зарæг. Ой, фаззон хъæбатыр лæппутæн. 17*
ДЫГУРЫ ФОНДЗ ÆФСЬШÆРЫ Дзассохты Музафер ЙÆ РЫСТÆЙ НÆМА БАНЦАДИ ЗÆРДÆ АСЛÆМБЕГ Бады зæронд Хъуыдинæ рудзынджы цур æмæ æддæмæ кæсы. Бады æнкъардхуызæй æмæ цæуылдæр арф хъуыдыты аныгъуылд. Иуварсырдыгæй йæм куы кæсай, уæд, цыма æппын- дæр змæлгæ нæ кæиы, адæймагмæ афтæ зыны. Фæлæ цæсты тъыфылтæ кæрæдзиуыл куы аныдзæвынц æмæ та куы фæхи- цæн вæййынц, уæд лæг баууæнды, уаты æгас адæймаг кæй ба- ды, ууыл. Уынджы змæлæг бирæ ис. Бæлæсты бын цалдæр сабийы кæрæдзийы расур-басур кæньгнц. Сыхæгты кæртæ’й хъуысы фæрæты къупп-къупп. Фæлæ сæ Хъуыдинæ нæ уыны. Нæ са* кæны хъуагæ дæр. Диссаджы хурбон скодта. Февралы ахæм рæстæг арæх нæ вæййы. Фæлæ уыцы тынтæ дæр нæ хизынц зæронд усы зæрдæ- мæ. Уый фæрссагæй æддæмæ кæсы. Хъуыдытæ сæры кæ- рæдзийы ивынц. Куыддæр уынджы тигъæй постхæссæг æд хы- зын æрбазынд, афтæ Хъуыдинæйы цæстытæ ферттывтой, æн- цъылдтæ цæсгомыл цыма цины тынтæ бакалди, уый хуызæн фæрухсдæр, фæхъæлдзæгхуыз. Рудзынджы акомкоммæ куы ’рбахæццæ, уæд æм Хъуыдинæ ахоста. Постхæссæгмæ уыцы хост хъуысгæ дæр нæ фæкодта, фæлæ та иннæ бонты хуызæн ацы хатт дæр рудзынджы ’рдæм разылд æмæ къухæй ацамыд- та, писмо уæм нæй, зæгъгæ. Зæ’ронд усы цæстытæ æрхуыссыдысты. Æрдæбоны циндзи- над русты æнцъылдтыты амбæхст æмæ та цæсгом йæ фыццаг -хуыз райста. 258
ХАСАНБЕГ ТУЗЕМЦ МÆЦЫХЪО КОЛЯ
— Нæй та абон дæр писмо, — загъта зæронд ус æмæ уыцы фæлладауызæй йæхи хуыссæныл æруагъта. Афтæ алы бо,н Дæр. Хуры дæр, къæвцайы дæр, сæрд дæр æмæ зымæг дæр. Æнхъæлмæ кæсы, ссæдз азæй фылдæры раз- мæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ цы фондз фырты арвьгста. уыдонæй шисмо райсынмæ, уыдонæй исты хабар фехъусьшмæ. Фæлæ та фыдæнхъæл фæвæййы. Стыр тых хъæуы уал азы æнæсцухæй æнхъæлмæ «æсынаш. Æнæкæрон зын у ахæм саджы фпсьгнтыл амад фондз хъæбу- лаай бавдæлон уæвьгн. Фæлæ гæнæн ,нæй. Фæразын — цæ хуыз- дæр хос. Ныйпарæджы зæрдæйы цы хъæдгæмттæ фæзынд, уы- дон -нал гас «кæнынц. Рæстæджы бон дæр сын ницы у. Æмæ зæрдæ æнæрыицойæ уымæн риссы, Риссы, фæлæ уæддæр нæ пыфс нæ сæггы. Цæуылдæр æууæнды, цæмæдæр æнхъæлмæ кæ- сы. Чи зоны, æн.хъæлмæ кæсын йедтæмæ пын кæй ницыуал баззад, уьий тыххæй. Нал хъуысы Дыгуры кæртæй Аслæнбег, Хасанбег, Туземц, Мæцыхъо æмæ Коляйы ^ъæлдзæг ныхас æмæ хъæрæй худт. Нал ахсынц Хъуыдинæйы хъустæ тыргътæй йæ хъæбулты къæхты уынæр. Фæлæ уыцы амондджын дуг «ныййарæгæй иу уысм дæр рох иæу. Иу минут дæр уькцы боны хъæлдзæг уы- кæр пæ сысы мады хъусы. Уый нæ, фæлæ, ра^стæг к.уыд фыл- дæр цæуы, афтæ кæмы тьшгæй-тынгдæр. Хæст раджы банцад, уæддæр зæрдæты маст; нæ фæкъад- дæр. Хæст раджы банцад, уæддæр зæрдæтæ сæ риссынæй нæ- ма банцадысты. Риссынц хъахъхъæдуйраг дæс æмæ цыппарыс- сæдзаздзыд Дыгуры Дадзоæмæ фондз æмæ цыппарыссæдзаз- дзыд Хъуыдинæйы зæрдæтæ -сæ хъæбултыл. Риссынц æмæ уыцы иу рæстæг æнхъæлмæ кæсынц. Авд лæппуйы æ>мæ цьшпар чызджы райгуырд Дадзо æмæ Хъуыдинæйæн. Иуæндæс хуры сæм худти æхсæв æмæ бон дæр. Уыдоны æгъдау æмæ уæздандзмнадмæ чи нæ бабæллыдаид хъæубæсты! Чи сын нæ ракодтаид сæ фæллойуарзондзинады кой. Сæ ;иуæй иннæ сабырдæр, сæ иуæй иннæ хæдæфсæрмдæр. Æппæты хистæр — Аслæнбег 1912 азы райгуырд. Хæсты размæ куыста Беслæны маисон комбинаты. Æфсымæр- тæй уый йедтæмæ ус ракурын никæйуал къухы бафтыд. Фæлæ йæ бинонтимæ цæрынæй нæ бафсæсти. Цæрынæй иæ, фæлæ кæ- сынæй дæр нæ бафсæ<сти йæ дыууæмæйдзыд хъæбул Аликмæ. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр .хæст æмæ æппæты фыццæгти- мæ ацыди тохы быдырмæ. Фæстаг писмю ма дзы райстой Ле- нпнградæй 1942 азы. Хæсты райдайæнæй цалдæр мæйы куы рацыд, уæд æфсæд- дон дарæс’ "скодтой æмæ Аслæнбедкы фæндагыл ацыдысты Хасанбег æмæ Туземц. Уыдон дыууæйæ дæр Бухары куыстой, уым сæ æрæййæфта хæст. Ам фæсидтысты æфсæддон комис- 260
сарадмæ Хасанбегмæ. Фæстаг хæрзбон ма загътой æфсымæр- тæ кæрæдзийæн æмæ сæ фæндæгтæ фæхицæн сты. Хасанбег хæстмæ ацыди, Туземц та —йæ райгуырæй хъæумæ. Иуцалдæр къуырлйы уый æнхъæлмæ фæкаст, уæдæ мæн- мав дæр фæсиддзысты æмæ æз дæр ацæудзынæн, Фыдыбæстæ- йы хуыздæр хъæбултæ кæм сты, уырдæм, зæгъгæ. Фæлæ æгæр æрæгмæ куы кодтой, уæд сæм йæхæдæг фæзынди. —Æгад мæм кæсы нæ хæдзары къуырма лæгау бадын. Курын æмæ м.æ арвитут хæстмæ. Æфсæддон комиссариаты ма йын бæргæ дзырдтой, нæхæ- дæг дæм фæхабар кæндзыстæм, зæгъгæ, фæлæ сæ коммæ куы нæ каст, уæд æппынфæстаг сразы сты йæ фæндоныл. Биноиты зæрдæ æнкъардæй-æнкъарддæр кодта. Ноджы тын-гдæр сагъæсы бацыдысты, сæ цыппæрæм хъæбул Мæцыхъо- мæ куы фæсидтысты, уæд. Мæцыхъойы авдазон скъола фæфæуд ,кæнын-мæ бирæ нал хъуыд, афтæ æрцыд уый рад дæр. Мад æмæ фыд, йæ хотæ, йæ кæстæр æфсымæртæ йын ставд цæстысыг згъалга^йæ, хæрзбон загътой æмæ йæ афæндараст кодтой ха^стон зын фæндагыл. Ацыд хæстмæ æфсымæрты кæстæр Коля дæр. Хæдзары ма баззадысты æрмæст сылгоймæгтæ. Дадзо æмæ Хъуыдинæ сæ- шмæ афтæ чы-сыл никуыма фæкастысты, æнкъарддзинад æмæ сæм сагъæс афтæ бæстон никуыма æрфьисым кодтой. Цыдысты бонтæ, къуыритæ, мæйтæ. Иуæй иннæ сагъæсæй- дзагдæр, иуæй илнæ тыхстдæр. Æхсæз æфсымæры — æхсæз хæстоны ныййарджытыл æхсæв бон ’нæ кодта, бон—æхсæв. Сæ зæрдæ æппынæдзух уыдис «сæ хъæбултимæ. Рох нæ кодтой уыдон дæр се схæсоæг мад æмæ фыды. Куыддæр-иу сын уын- гæг хæсты рæстæг фæци, афтæ, уымæл акъоппыты дзуццæджы бадгæйæ, фьютой писмотæ Хъахъхъæдурмæ. Алы ахæм писмо дæр æнæкæрон стыр цин лæвæрдта Дыгуры бинонтæн. Алы ахæм писмомæ дæр æ’нхъæлмæ кастысты тынг цымыдисæй, зæронд мад æмæ фыдæн уыдысты ныфсы’ мæсыг. Писмо лисмойы фæдыл æ^рвыстой Махарбег, Мæцыхъо, Коля æмæ Хасанбег, фæлæ бинонты сагъæс къаддæр нæ кодта. Уæлдайдæр та Туземц æмæ Аслæнбегæй хабар куьшæуал уыд, уæд. Уалыимæ писмотæ нал цыди Коля æмæ Мæцыхъойæ дæр. Дыгуры хæдзары бинонтæм ма-иу хуры цæст разынди Хасæн- беджы писмотæй. Уый раздæр дæр æппæтæй арæхдæр фьиста ’вмæ ныр дæр плсмотæй æлхæдта йæ ныййарджыты зæрдæ. Æрмæст фæстаг рæстæг цæмæдæр гæсгæ йæ писмотæ бынатмæ нал хæццæ кодтой æмæ ууыл тынг сагъазс кодта. Хасанбег зыдта, немыц Ирыстонмæ кæй схæццæ сты, уый æмæ йæм сæ- хицæй фæстæ^мæ дзуапп куынæуал æрвыстой, уæд тынг мæт кодта, кæд мæ бинонтæ фæмард сты, зæгъгæ. ^ Мæнæ йæ писмотæй иу. Гæххæтты сыф æртæтигъон тых- тæй. Фыссы йæ Венгрийæ 1944 азы 14-æм ноябры. Тынг æн- 261
къард писмо у. Æиæ хъæлдзæг дæр куыд уыдаид! йæ фондз æфсьшæрæп дыууæ азæй фылцæр хабар чи нæ фехъуыста, йæ хæдзарм,æ цы æртындæс писмойы арвыста, уыдонæй иуæн дæр дзуапп чи нæ райста, алыбон дæр мæлæтимæ фембæлд кæмæм уыди, уыцы ’æфсæддоны зæрдæ хъæлдзæг кæцæй уыдаид! «Ацы писмойæн ма дзуалп куынæ райсон,— фыста уый, — уæд æз æнхъæл уыдзынæн, æмæ мæ бинонтæй иу даф а^гас нал у, зæгъгæ!» Уый уыди Хасанбеджы фæстаг писмо. Уæдæй абонмæ дзы шгцыуал хабар уыди, Лслæнбег, Хасанбег, Коля æмæ Д\æцыхъо- йæ куыд ницыуал хабар уыди, афтæ. Баззацысты Дадзойы фондз фырты Германы хæсты. Æхсæз мастисæгæй ма йæ фы- ды хæдзармæ раздæхти æрмæстдæр Махарбег (ныртæккæ цæ- ры Беслæны маисон комбинаты. Йс ын дыууæ чызджы æмæ иулæппу). Фæлæ ма абон дæр Дадзо æмæ Хъуыдинæ æнхъæл- мæ кæсьшц сæ хъæбулты ссыдмæ. — Æхсæвыгон дъиу нæ базыр нæ рудзынгыл куы ахафы, -- зæгъы фондз зыигхуысг æфсымæры мад, — уæддæр хæрдмæ фæ- хауын, Афтæ мæм фæкæсы, цыма мæ дард бæлццæттæп исчи фæзынд æмæ уый æрбахоста. Зын у, тынг зып зæроид мад æмæ фыдæн. Фæлæ уæддæр фидар стьт. Стыр зынæн стыр тых хъæуы. Æмæ хъæбатырты ныпйарджытæм уый бæрц хъару <ис. — Сымах хуызявы рæзгæ фæсивæды тыххæй радтои са* цард мæ хъæбултæ, — зæгъы Хъуыдинæ. — Æмæ мын уый стыр æнцой у. Æгайтма сæ тæппуд ничи разынд. Æгайтма дзы давпгйæ, æ’взæр ми -кæнгæйæ, ничи фæмард. Кæсы рудзынгæй .æддæмæ Хъуыдина). Кæсы æмæ хъуыды- ты аныгъуылд. Уалынмæ уынджы галиу кæронырдыгæй æр- байхъуыст тракторы моторы уынæр. Куыд хæстæгдæр кæньт, афтæ йæ хъæр тынгдæр азæлы. Зæронд усы цæсгом барухс, трактор сæ хæдзары дуармæ куы ’рлæууыд, уæд. Йæ цæстытæ та цины ’рттывд фæкодтой, йæ фырты фырт (Аслæнбеджы фырт) Аличчы тракторæй æргæпп кæ.нгæ куы ауыдта, уæд. Уый у зæронд усы ныфс, йæ цæугæ мæсыг. йæ фыды хуы- зæн—уæздан. Искуы дзы, цымæ, уæлдай ныхас исчи фехъуыс- ^ та. Науæд куысты мида>г та йæ разæй кæн ауадздзæн! Карл Марксы номыл колхозы хуыздæр механизатор у. Да>лæ йа^ би- нойнаг дæр æрбаца^уы. Хъуыдинæйæн хостæ ’лхæнынмæ уыди. Диссаджы хæрзæгъдау чындз сын рауади. Бахъæлдзæг фондз хъæбатыры мадьт зæрдæ. Бауагъта дзы царддæттæг тых, æиæкæрон хъару. Бузныг, стыр бузныг, Алик, дæ фыды ныййарджытæн сæ зæронды бонтæ кæй срæ- сугъд кодтай, уый тыххæй. 202
Асаты Реуаз ЦЫППАР ЦÆРГÆСЫ АХСТОН ...Дыргвисы, Дзауы ’рдæм цæуæг сосæ фæндагæн ра,хи-;- æрдыгæй ис чысыл хæдзар (æвæдза, ахæм хæдзæрттæ дзы би- рæ ис). Фæлæ мæн фæнды радзурын, цыппар цæргæсы цы ахс- гонæй стахтысты, уьщы артдзæсты тыххæй. Зæронд лæг æмæ усæн нæдæр сæ адрес зыдтон, нæдæр сæ мылгаг. Фæрагæ-ф,æрсгæ балæууыдтæн чысыл бæстыхайы кæр- ты. Мæ размæ тыргьмæ рахызт зæронд ус. — Кæй агурыс, мæ хъæбул? — афарста мæ уый. Æз йемæ аныхæстæ кодтон æ.мæ йæ афарстон, æз ,кæп агу- рын, уыцы цыппар хъæбатыр лæппуйы мад у, а^ви нæ, уы- мæй. — Æ|мæ цы? — афарста мæ джихæй, нæ ныхасмæ тыргъ- мæ чысыл дуарæй цы ныллæг .къæсхуыр зæронд лæг рахызг, уый. Æз фæфиппайдтон, мады уацултыл дыууæ ца^ссыджьт куыд æрхъуызыдысты, уый 110 аздзыд Никъо Джапаридзейы цæс- го,мыл бакæсæн уыд ахæм фарстæн. Цымæ ацы уазæг ’мæ хъæ- булты тыххæйисты ног хабæрттæ ’рхастаид? Уазæгуарз хæдæфсæрм зæронд ус æмæ лæг мæп мидæмал бахуыдтоп. Мæ цæстæнгас андæгъд æфсæддон дарæсы конд лæппуты -нывтыл. Ус æмæ лæгæн уыдис 6 -сывæллоны: Вано, Иракъли, Уах- тамг, Шаликъо æмæ дыууæ чызджы — Еленæ æмæ Нино. Зæронд ус æмæ ласг (æвæдза, уæд цæй зæронд уыдысты) зæрдиагæй хъюмыл кодтой сæ хъæбулты. Сæ зæнæг уыдысты амæй-ай хуыздæр, æгъдауджындæр, уындджындæр. — Цалынмæ большевмктæ :не ’рдыдыстьь уæдмæ нæ фæ- Дыл зылдис, уæгъд нæ нæ уагъта хъуагдзинад, мæгуырдзинац. Стæй дард бæргæ фæхуыздæр, фæлæ... Никгъо дарддæр кæнынмæ хъавыд йæ ныхас, фæлæ дзы ха- 2(Л
ДЖАПАРИДЗЕТЫ ЦЫППАР ÆФСЫМÆРЫ ШАЛИКЪО ВАНО ИРАКЪЛИ УАХТАНГ
тыр ракуырдтон, йæ разæй кæй цæуын, уый тыххæй æмæ йьш’ 1\æ бинойнаджы афарстон: - - Хæстмæ ацæуыны агъоммæ уæ фырттæ цы куыст кодтой? — Хистæр фырт Вано уыдис Дыргвисы колхоз аразджы- тæй сæ иу.æмæ ссис йæ фыэдаг сæрдар дæр. Уый коммунисг уыдис, хорз агроно’мыл нымад уыд нæ хъæуы дæр æмæ æнæ- хъæн районы дæр. Никъо йын йæ ныхасмæ бафтыдта: — Мæ фырт Ваню колхоз куы арæзта, уæд æз мæхи бар- вæпдæй радтон ’мæ хуымзæхх, мæ галтæ, мæ гутон, мæ уæрдон, цыдæриддæр нæм уыдис, æппæт уыдон. *— О, — дарддæр дзырдта зæронд лæг,— адæм дардысты амоцдджын цардæй, хъæлдзæгæй, фæлæ нæ фæрныг хæдзæрт- тæм бафсæрста фыдбылызы тæркуад. Хæсты фыццаг бонты Никъо æмæ йæ бинойнаг Аннæ сæ цылпар фыртæй дыууæйы арвыстой фронтмæ. Æртыккаг фырт Вахтангы хæст æриййæфта Украинæйы арæныл. Сырх Æфсады рæнхъытæ’м куы ацыд, уæд лæппуйыл сæххæст 22 азы. Райгуы- рæн бæстæпы раз ма йæ хæс сæххæст кæнынмæ чысыл хъуы- дис. йæ .мад Анна æрьшысыд, йæ фырт æм йæ фæстаг фыстæ- джы цы фыста, уый: ма мæт кæн, мæ уарзюн >мад, тагъд цаш æрыздæ.хдзынæн, зæгъгæ. — Уæд мæ сæр йæ нывонд, кæд мæм нал æрыздæхтис, уæд, — афтæ ма бакодта зæронд ус, мæгуыр. Фæлæ æгъатыр мæлæт сонт лæппуйæн йæ фæндтæ йæ хъуы- ры фæбадын кодта. Афтæмæй йын ам йæ хæстæДжытæ та чын- дзæлсæв цæттæ кодтой. Сæ кæстæр фырт Шал’икъо хæсты хæдагъоммæ каст фæцмс Тбилисы фабрик-заводон ахуыргæнæндон æмæ райгуырæн бæс- тæйы уарзондзинадæй æфсæст патриот йæхи барвæндæй ацыдис фронтмæ. Цыдис ыл уæ^д 17 азы. Шаликъо хайад ,иста Ленинграды хъахъхъæдады зын æмæ тæссаг блокадæйы. Хорз хабæрттæ фыста фронтæй. 1942 азы хæсты уæззау цæф фæцис сæ хистæр фырт Джа- паридзе Вано, æ,мæ йæ райгуырæн хъæумæ æрцыдис. Хъырымы æрдæг сакъадахыл тохты .хъæбатырдЗинады тыххæй хæстон медаль дæр райста кæстæр командир. Йæ хæдзары бирæ нæ фæцис тохвæлтæрд лæппу. йæ цæфтæ »куы фæдзæбæх æмæ фæ- фидардæр сты, уæд фæстæмæ араст ис фронтмæ. ...Бирæ рæстæджьг ’нхъæлмæ кастысты зæронд мад æмæ фыд сæ фырттæй фыстæджытæ райсынмæ, фæлæ... Хорз хабары бæсты фæд-фæдыл райстой, сæ зынг кæй ахуыссыд, уый æвир- хъау хабар. Афтæ фесæфтысты, стыр фыдрæстæджы ацы арт- дзæстæй, ады ахстонæй цы цыппар цæргæсы стахт, уыдон. Уæззау фæд ныууагъта хæст ацы биионты царды. Зæронд ус æмæ лæг сæ чындзимæ иумæ сæ уарзондзинады 265>
тых скомкоммæ кодтой зæнæджы хистæр — Уанойы сидзæр хъæбултæм. Уымæн йæ хистæр чызг Лили, стæй йæ кæстæр чызг Тина дæр ахуыры фæндагыл ныллæууыдысты, сæ амонд- тæ ссардтой дыууæ дæр. Зьгнгхуыст хæстон Иракълийы иунæг лæппу Отар, астæуккаг скъола каст фæугæйæ, кусын райдыдта Тамарашены совхозы. Фæсаууонмæ фæуд кæны Гуры педаго- гон институты биологион хайад ацы аз. Никъо Джапаридзе ,кæд тьгнг зæронд уыдис, уæддæр фидар лæууыд, йæ фыртта^ сæ æвæджиаг туг цы зæххы тыххæй иык- калдтой, ууыл.
Пухаты Петър* ОРДЕН ССАРДТА ЙÆ ХИЦАУЫ Горæт Цхинвалы, Бастдзинады уынджы кæрон, фыдызгъæл- уæйгæнæн магазинмæ бацыд иу бурдзалыг лæппулæг æфсæддоп да,рæсы æмæ уæйгæнæджы афарста: — Джергаты Къоста ды дæ? - О, æз дæн! Æфсæддон (комиссариатмæ дæм дзурынц. — Æфсадмæ мæ ма кæнæнт? — хъазгæмхасæп афарста уæй- I æпæг. — Уæвгæ, æфсæддон хъуыддаджы тыххæй хъæуыс! — æмæ ма пæ дзырдмæ бафтыдта: — хæсты уыдтæ? --Уыдтæн Волховы фронты, Ленинграды æрхъула атоны- пыл тохты. - Уæдæ дын орден æрцыд, æфсымæр, орден. Арфæ дын ка*- нын. "~~ Цы мæ мæстæй марыс, æмбал капитан? — Хæсты уыдтæи, фæлæ уый кæд уыди. Æгæр мæгуыр, чидæртæ мæ хæсты инва- ^•йд Дæр ’нæ хоньгнц. Хъостаиы уавæр мæн бацымыдис кодта æмæ дзы ракуырд- тон1, цæмæй .мын йæ .царды хабæрттæ радзырдтаид. Дзауы районы Тъонтъобеты хъæуккаг Джергаты Къоста Са- ^оны шахты куыста, æмæ иымад уыд раззагон шахтерыл, 1936 азы йлем æрсидтысты Сырх Æфсадмæ æмæ службæ кодта го- Р;х>7 Георгиевскы. 207
Уый хæрз цыбыр рæстæгмæ сси хæсган æмæ политикон цæт- . тæдзинады раззагон. Уымæ гæсгæ йæ дивизийы командæкæны- над арвыстой полчы скъоламæ ахуыркæнынмæ. Каст æй фæ- цис æнтысгæйæ æмæ .нысан æрцыд 64 дивизийы 134 артдиви- зионмæ. Рæвдз, æнæзивæгæй æххæст кодта йе ’фсæддом æмæ политикон ахуыры хæстæ, фæлæ уæддæр йæ фæнд уыд, — мæ службæ \куы сæххæст кæнон, уæд ацæудзынæн Садонмæ, зæгъ* гæ. Фæлæ йæ фæнд фæсыкк. Фыдыбæстæйы хæстæйæрыййæф- та Ленинграды областы, Тихвшшæ хæстæг. Волховы фронты карз тохты Къоста цы дæлхайы уыд, уый Тихвин ссæрибар кæныны хъайтарон тохты фæстæ сси гвардион æмæ дарддæр æфсæрста Ленинграды æрхъула атонынмæ. Гвардийы хистæр сержант Джергаты Къоста ам уыд сармадзаи — гаубицæйы хыгъды командир. Тæссагдæр тохтæй иуы <райдианы йæм фаз- сидт див-изийы командир æмæ йын бахæс кодта: — Развæдсгарджытæй демæ акæн фондз æмбалы æмæ, цы- фæнды амæлттæй дæр, фашисттæн нæ размæ цахæм тыхтæ ис, æмæ сæ зынгæдæр æхсæн тæппытæ кæмыты сты, уый тыххæй æрхæссут зонæнтæ. ...Уый уыд 1942 азы декабры хъызт æхсæвтæй сæ иуы. Та- льшг æхсæв урс -митыл сауæй зындысты немыцæгты æхсæн бьг нæттæ. Къоста æмæ йе ’мбæлттæ сæм куы баввахс сты, уæд фæхицæнтæ сты. Сæ рахиз флангы развæдсгарæг уыд сæ ко- мандир — гвардийы хистæр сержант Джергаты Къоста. Куы сбæрæг кодтой, сæ дившионы размæ З’нæгтæн цы тых- тæ уыд, уый, уæд фæстæмæ здæхын райдыдтой бадзырд бы- натмæ. Къоста йæ къахæй фæхæст иу телыл. Тел уыд -м,иты ныгæд æмæ йæ ’лвæста, афтæмæй йæ фæдыл цыд. Æрæввахс миты ны- гæд бливдажмæ. Иæ къух фæтылдта йе ’мбалмæ æмæ ных- хуыссыд миты 'М.идæг, афтæмæй бабырыд хæстæгдæр. Каесы æмæ уæртæ блиндажы раз иу лæг йæ цинелы ’фцæгготыл хæрдмæ схæцыд, йæ сæр дзы ныттыхта, йæ хæдæхс йæ дæларм бакодта, йæ цæнгты рæмбынкъæдзтæй йæ уæрджытыл æрæн- цад. йæ къухтæ йæ дысты атъыста, афтæмæй тымбылæй миты уæлæ бады æмæ æнцад æ^кув-æркув кæны. Къоста афæлгæсыд йæ алыварс æмæ дзы æндæр никуы ничи зынд. Ныккаст иу чысыл .рудзьшгæй мидæмæ æмæ... дæлæ стъол, йæ уæлæ цавæрдæр картæ, чернилæ, сис, ставд къаран- дастæ, быдырон сумкæ цыдæр документтимæ, немыцаг афице- ры дарæс, дамбаца, дыууæ гранаты æмæ телефоны аппарат. Сæ фарсмæ фынæй кæны сæ хицау. Йæ цуры æд дарæс фынæй кæнынц цыппар кæстæр командиры. Фæсдуар цахæмдæр тæр- хæг, :йæ уæлæ гранаттæ æвæрд æмæ йыл рæгъ-рæгъы ауыгъдæй лæууынц фондз хæдæхсы. Мæ(нæ Къостамæ ’рбахæццæ йе ’мбал. Уæртæ ’рбацæуы «я- 268
иæ дæр. Къоста-иу сыбыртт дæр не скодта, афтæмæй йе ’мба- лæн рудзынгм.æ ныддарын кодта хæдæхс æмæ йын бамбарыг кодта, зæгъгæ, æз шгдæмæ куыддæр бахизон, афтæ рудзынг бацъæл кæн æмæ сьтл куы ’ныхъхъæр кæнон, уæд сæ иу дыууæ ’лстьт <бакæн. Стæп дæхи раис дуары ’рдæм. Ам æй йæ иннæ ’мбал дæр æрбаййæфта. Чи æркув-æркув кодта, уьтцьт хъахъ- хъажæг фехъал, фæгæпп кодта, фæлæ йæ Къоста æмæ йе ’мбал ацахстон æмæ йын нылхъывтой «йæ хурхы уадындзтæ. Фрицæн сдзурæн нал уыд, фæлæ йæхи сирвæзыныл архайдта. Къосга пæ куы фæуадзыг кодта, уæд æй суагъта, йæ гæрзтæ йын æр- иста æмæ сæ йе ’ мбалмæ радта, йæхæдæг сындæггай бахæцыд дуарыл æмæ бахызтысты мидæмæ. Йе ’мбал дуарыл ахæцыд æмæ хæцæнгæрзтæ йæ фæстæ фесты. Дуары хъыррыстмæ фриц- тæй пу фæгæгап кодта, фæлæ уæдмæ Къоста фелвæста афицеры мигæнæнтæ, фæдардта йæм дамбаца, афтæмæй фæхъæр кодта: — Дæ къухтыл схæц! Лфицер фæлæбурдта Къостамæ, хъуамæ атыдтаид йæ дам- баца, фæлæ йын Къоста тымбыл къухæй йæ фындз куы спъæртт кодта, уæд фæстæмæ бахауд стъолы уæлæ, афтæмæй ауыдта рудзынгæй 'Мздæмæ тъыст хæдæхс æмæ дуары цурæй æ.хсæг æфсæддоны. Цы гæнæн ма йын уыд, схæяцыд йæ къухтыл æмæ ныхъхъæр кодта: «Гитлер капут!» Сæ къухтыл схæцыдысты иннæ салдæттæ Дæр. Къоста йæхæдæг афицерæн фæдзурын кодта ротатæм, абон размæбырст нæ уыдзæн, зæгъгæ. Стæй хотыхтæ æмæ телефоны аппарат рахастой, уацайрæгты сæ разæй ракодтой, афтæмæй боны ’цъæхмæ ’рхæццæ сты сæ дивизимæ. Куыд рабæрæг, аф- тæмæй уацайраг афицер уыд майюр — ’немыдаг батальоны ко- мандир, иннæтæ та — йе штабы кусджытæ. 1943 азы 12 февраль. Цæуынц хъæбатыр тохтæ. Джергаты Къоста йæ сармадзанæхсджытимæ уыд дивизионы тохгæнæг тыхтимæ, æмæ æнауæрдонæй скуынæг кодта знаджы æх- сæн бынæттæ. Фæстæдæр Советон Æфсад йæхи цæттæ кæ- пын райдыдта Ленинграды æрхьула атоныны генералон раз- мæбырстмæ. Дивизионы командир хорз зыдта Къостайы æвзыгъддзинад. Снысан æй кодта развæдсгарджыты къорды хистæрæй. 23 фев- ралы карз хæсты рæстæджы Къоста сбырыд бæрзонд, ставд хихджын нæзы бæласмæ. Уыд æм фæлгæсæн трубæ, баф-идар «^й кодта бæласы зæнгыл æмæ уый æххуысæй бæлвырд хъусын кодта нæ дивизимæ, йæ фехогæсармадзаны нæмгуытæ цæй бæрц раст æмбæлдысты знæгтыл, уый. Хæст йæ тæккæ цырынмæ куы бахæццæ, уæд минæ сæмбæлд Фæлгæоæн бæласыл æмæ йын йæ уæллаг хай арæдывта. Бæ- лас йæ хихтæй банцад иннæ бæлæстыл. Къоста уырдыгæй æр- 260
хауд æмæ зæххыл сæмбæдд. Ацархайдта ма сыстыныл, фæла^ куынæ сфæрæзта, уæд йæхи æрæсгæрстытæ кодта. Иæ агъд ра- зынд минæйы схъистæй щæф. Æрзылд йæ иннæ фарсыл, кæд исчердæм абырин, зæгъгæ, фæлæ уæдмæ бæласы æрдæджы нал баурæдтой иннæ бæлæсты хихтæ, æруæз кодта, æрхауд æмя> уый дæр сæмбæлд Къостайы цæф агъдыл... Не ’фсады генералон размæбырстæн уыд стыр æнтыст æм^ уыцы уæлахиздзинады фæстæ, дивизийы командиры зонæнтæм гæсгæ, 64 дивизийы 134 артдивизионы скондæй хорзæхджьп æрцыдысты цалдæр æмбалæй. Уыдонæн сæ хорзæхтæ æрцыдыс- ты дивизимæ æмæ сæ райстой уым. Фæлæ дзы иу хорзæх —Ка Ды æртыккаг къæпхæны орделæн ,хицау нæ разынд. Уый уыд Джергаты Къостайы, фæлæ Къюста уым ,нал уыд. йе ’мбæлт- тæй дæр ничи зыдта, Къоста цы фæцис, уый. Орден та уæдæй- пырмæ æвæрд уыд ССР Цæдисы Хъахъхъæдады М,инистрады. Ныр, Ленинград йе ссæрибар кæньгныл тохы хъайтаро,н цаутыл йæ цæст куы ахаста, уæд рабæрæг, уыцы немыцаг батальоны штаб йæ командæкæнынадимæ уацарыракæнæг, æмæ уыцы дььнджыр нæзьт бæласы уæллаг æрдæджимæ расхъиуæг кæи уыд не ’мбæстаг Джергаты Къоста æмæ ацы ордепæй уый кæГг схорзæхджын кодтой. Æз куы бафарстон Къоетайы, кæцы тохы тыххæй æрцыдтæ хорзæхджын, зæгъгæ, уæд мыи дзуапп радта: — Æз хорз хъуыды кæнын, зæххыл куы сæмбæлдтæн æмæ ма мыл бæлас дæр куыд æрхаудис, уый. Фæлæ нæ хъуыды кæ- яын, быдырон госпиталы куыд февзæрдтæн, уый. Уым мын мæ къах йæ рæбыныл ахауын кодтой, мæ буарæй мын цæнгæты схъистæ систой, гипсы мæ нывæрдтой æмæ мæ дзæбæх «кæньгн- мæ арвыстой Вологдамæ. Ам куы фæсæрæн дæн, уæд та мæ арвыстой Тюменмæ. Уым фæдзæбæхдæр дæ,н æмæ кусынмæ ба- цыдтæн. Уый фæстæ <ма куыстон Дзауы дæр, фæлæ нæ диви- зийы кой никуыуал фехъуыстон æмæ мæ кæцы тохьт тыххæн схорзæхджын кодтой, уый дæр ,нæ зонын. К^ыдфæнды ма уыдаид, уæддæр орден ссардта йæ хицауы Къоста зæрдиаг куыст кæны ныр дæр. Уый 1957 азæй Фæстæма^ кусы Цх.инвалы базарадон хызæджы æмæ кæддæриддæр ия? хæстæ æххæст кæны цæсгомджынæй. У коммунистон куыстът хъазуатон.
Голоты Владимир ДЫУУÆ ХÆСТЫ САЛДАТ Уæд Ясоныл цыди фьгаддæс азы. Партизантæ Тъбеты сæрмæ уыдысты. Сæхи цæттæ кодтой Цхинвалы тохтæм. Къорды хис- тæр Коцты Сандро фæсидтис Ясонмæ æмæ йын афтæ: — Цхинвалмæ дæ нæ фæнды, дæ мады æфсымæрты уыныи- мæ? Ясон æй фыццаг нæ бамбæрста, зæгъгæ, уым меньшевиктл» куы сты, уæд мæ цæмæ ’рвиты æмæ йын цы дзуапп радтаид, уый нæ зыдта. Сандро уый бафиппайдта æмæ йын йæ хъуыды бамбарын кодта: — Ды сывæллон дæ, партизан дæ, уый уырнгæ дæр никæй бакæндзæн. Дæ. мады мады æфсымæртæ Цхинвалы цæрынц. Лцу сæм уазæгуаты, фæлæ къæрцхъус æмæ цырддзаст у, базон, меньшевиктæн горæты цы тыхтæ ис, æмæ нæм сæ фæхабар кæн. Ахæм зонæнтæ нæ æнæмæнг хъæуынц... Сандро кæронмæ йæ ныхас куы фæцис, уæц æй афарста: — Бамбæрстай -мæ? Ясон йæ сæр банкъуыста, о, зæгъгæ, æмæ йæ цыбыр вин- "овкæмæ æркаст. — Уый дæ иæ хъæуъг, ам æй ныууадз. Уыцьт бон5 Ясои æрцыд Цх>инвалмæ. Меньшевиктæ -сæ бур иымæттимæ къордтæ-къордтæ кодтой уынгты. Яоон сæ цурты Дыд, цыма сæ хъуыды дæр иæ кодта, уыйау. Фæстагмæ йæм иу гвардион фæдзырдта, ведра йын йæ къухты фæцавта æмæ йын загъта: — Згъоргæ тагъд Леуахимæ æмæ дзы дон сдав! 271
Яоон азгъордта донмæ, ведра айдзаг кодта æмæ йæ, цыма яæ фæрæзта, уыйау сындæггай оцæйздæхт. Хинымæры нымадта 1вардио,нты, йæ зæрдыл дардта сæ ныхæстæ, цахæм хæцæнгæрз- тæ сæм И1С, уыдон æмæ æндæр ахæмтæ. Ды.ккаг бон сыздæхт лартизантæм. Цы зонæнтæ сæ хъуыд, уыдон Ясонæй райсгæйæ, цалдæр боны фæстæ партизантæ рабырстой Цхи’нвалмæ. Тугкалæн то\ сцырын Тъбеты хъæуы. Партизанты хъæбатырдзинад диссаг- хæссинаг уыд. йæ нæмгуытæ-иу æхст кæмæн фесты, уый-иу знаджимæ дарддæр тох кодта лæгæй-лæгмæ... Ясонмæ уыд фынддæс нæмыджы. Иу рап æмбондгæрон æрымбæхст æмæ афтæмæй æхста. Партизанты цæф нæ баурæдтой меньшевлк- тæ æмæ дæлæмæ, Цхинвалы ’рдæм лыгъд радтой. Тохы быдыры баззад -мæрдтæ æмæ цæфтæ. Партлзантæй дæр цалдæр амард æ-мæ фæцæф. Уый уыдис 49 азы раэмæ. Уыцы тохы фынддæсаздзыд Ясон рапста сæрибарыл тох кæныны фьщцаг фæлтæрддзинад. Уый фæстæ Джиджджойты Ильяйы фырт Яоон хайад иста • бирæ тохты æмæ алы ран Дæр æвдыста хъæбатырдзинад æмæ я^хсардзинад. Харебаты Исахъы разамьшдæй уый тох кодта Сачхереты, уыд Айдарты Знауыры командæйы Хашуры растады. Меньшевиктæ Хуссар Ирыстоныл арт куы бандзæрстой, зæ- рæдтæ æмæ сывæллæтты æнауæрдонæй куы мардтой, сылгой- мæгтæн тыхми куы кодтой, уæд уыцы уæззау бонты Ясон йæхи нæ бааууон кодта, фæлæ, хæцæигарз йæ къухы, афтæмæй тох кодта. Иу æмæ дыууæ хатты нæ бахауд мæлæты дзыхмæ, фæла? кæм æмбæлтты фæрцы, .кæ-м та-иу йæхи æхсары фæрцы мæлæ- тæй фервæзт. Крейсер «Аврора»-йы сармадзанты гæрах ноджы сразæн- гард ,кодта Хуссар Ирыстоны зæхкусджыты æмæ кæд цалдæр хатты састы бынаты баззадыоты, бирæ туг ныккалдтой, уæддæр сæ тох нæ уагътой. Уæрæсейы кусджыты æмæ хъæбатыр Сырх Æфсады æф- ’ сымæрон æххуысы фæрцы сæрибардзинады тырыса æ.нустæм сфæйлыдта Гуырдзыстоны сæрмæ, уыцы иымæцы Хуссар Ирыс- тоны сæрмæ Дæр. Ясон райдыдта кусын советон уагдæтты, æппæт йæ архайд а-мæ йæ хъуыдытæ кæронмæ советон цардæвæрдæн ратгæйæ. Ясон йæхицæя ссардта царды æмкъай æмæ уыимæ иумæ хъуыды кодтой сæ фидæныл, сæ сывæллæтты амондыл. Фæлæ райдыдта хæст, гитлерон фашистон абырджыты ныхмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст, историйы ч,и нæма уыд, ахæм тугкалæн хæст. Коммунист Ясоны дæр та ногæй бахъуыд йæ къухтæм хæ- дæягарз райсын æмæ райгуырæн бæстæйы сæрлбардзинад æмæ 272
\æдбардзинад бахъахъхъæнын. Лцыд фронтмæ. йе ’мкъай Нина дзы арæх <иста фыстæджытæ. Цыбыртæй-му æм Ясон хъу- сы’Н кодта йæ хабаврттæ. «Дæн Хъырымы фронты», «Снысан мæ кодтой ротæйы командирæй»... «Райотон фыццаг хорзæх — «Фыдыбæстæйон хæсты» орден». Йæ алы фыстæджы дæ>р ныфеытæ æвæрдта, зæгъгæ, тагъд зи2г дæрæн æрцæудзæн æмæ та сæрибарæй цæрдзыстæм. «Ды уым сывæллæттæм кæс, ;мæ мæт æппындæр ма ,кæн...» Ницы . фыста, цы зын уавæры уыд, уый тыххæй. Мæнæ цалдæр нывы Джиджджойты Ясоиы хæстон цардæй ...Тохтæ цыдысты Краенодармæ æввахс. Ам Яоон уыд пуле- метон ротæйы командир. Фашистон æфсæдтæ фæд-фæдыл цы- дысты атакæйы. Ясоны хæстонтæ хъæбатырæй тох кодтой. Пу- леметтæ стæвд сты, фæлæ иу уысм аулæфыны фадат дæр нæ уыд. Гитлеронтæй бирæ цагъды .кодта, фæлæ уæддæр бырстоп æмæ бырстой. Тохы тæккæ тæмæны пулеметтæй иу банымæг. Яс0|Н ,хъуамæ йæ хæстоныл фæхъæр кодтаид, зæгъгæ, цæмæ-ннæ æхсыс, фæлæ йæ уалынмæ ауыдта мардæй, Бауад йæхæдæг пулеметмæ, мард хæстоны фаромæ æрхуыссыд æмæ райдыдта æхсын. Уыцы тохы дæ.р та махуæттæ ныддæрæн кодгой знаджы. Æрсабыр. Немыцæгтæ никæцæйуал зындысты. Уалынмæ фе- хъуыстой: фашисттæ сæ танкæты фæрцы мах æфсæдты хъахъ- хъæдады хахх Дыууæ раны ратыдтой æмæ не ’фсæдты иу хайыл æрхъула кодтой. Æрхъулайы бахауд, Ясон цы æфсæддон хайы уыд, уый дæр. Фæлæ æхсæвы карз тохты фæрцы æрхъулайæ сæхл ратыдтой. ...Ацы хатт тохтæ цыдысты Хъырымы æрдæг сакъадахыл. Ныхмæлæууæг йæхи æрфидар кодта, акоптæ, блиндажтæ æмæ æндæр ахæмтæй пайда кæнгæйæ. Яооны ротæ æппæты фыццаг хъуамæ абырстаид. Сармадзантæ фистæг æфсадæи размæ абырсыны фадат куы радтой, уæд Ясон ныхъхъæр кодта: — Мæ фæдыл — размæ, Райгуьгрæн бæстæйы тыххæй! Автомат йæ къухы, афтæмæй згъордта Ясон æмæ хи цæвит- тонæй разæнгард кодта йæ дæлбар хæстонты. Знаг дард нæ уыд, 150 метры бæрц уыд се ’хоæн. Уайтагъд ротæйы хæстонтæ ныггæппытæ кодтой ныхмæлæууæджы акоптæм æмæ сцырын ^æгæй-лæгмæ тох. Ясоны ротæйы хæдфæстæ размæ абырстойæндæр æфсæддон хæйттæ дæр. Ныхмæлæууæг, йæ фидæрттæ ныууадзгæйæ, алæу- Уыд фæстæмæ. Фæлæ ма йын не ’фсæдтæ сулæфыиы фадат кæм лæвæрдтой: сырдтой йæ фæстейæ æ^мæ йын куынæг кодтой йæ УДæгас тых æмæ техникæ. Фронты уæвгæйæ, Ясон бирæ туг ныккалдта. Æхсæз хатгы ^ыл сæмбæлд знаджы нæмыг. Уый хæстæй æрыздæхт 1946 азы, иæ риуæй æрттывтой æртæ ордены æмæ медалтæ. 18* 273
Хæст раджы фæцис, байгас сты Ясоны хъæдгæмттæ, фæл<» уыцы уæззау хæстон бонтæн рохгæнæн нæй. Ясонмæ уазджытæ куы вæййы æмæ сын хæсты хабæрттго куы фæкæны, уæд сын равдисы йæ хызын, йæ рон æмæ хæсты рæстæджы уагъд «Агитаторы блокнот». Уыдоныл аыны .нæмгуы- ты фæд æмæ -сæ Ясон зынаргъ дзаумæттау æвæры йæ байзæт- тагæм. Ахæм у Дыууæ хæсты хъæбатыр, Знауыры районы Балтайы хъæуккаг, ныр та Дзауы цæрæг, пенсионер Джиджджойты Ясо- ны хæстон фæндаг.
Пухаты Петъре ХЪÆБАТЫР ХÆСТОН Джиджджойты Алекси цы дивизийы службæ кодта, уый ха- йад иста Мæскуы бахъахъхъæныны тохты, æмæ уыдон цы фа- дыджы хæцыдысты, уырдæм немыцæгтæ æрбакалдтой фылдæр тыхтæ. Уæд полчы командир бардзырд радта: — Цæугæ ротæтæм! Ацыдысты æмæ сыл фæндагмæ æхсын райдыдтой минæтæ. Хæдтæхæг дæр æрбатахт сæ тæккæ сæрты æмæ сæ æхсын рай- дыдтой пулеметтæй. Алекси ма-иу йæ виллис куы иуæрдæм фæ- зылдта, куы (Иннæрдæм. Афтæмæй цалынмæ тохтæ æрсабыр сты, уæдмæ Алексийы бахъуыд уыцы æхсты бын машинæйыл æдзух дыууæрдæм цæ* уын æмæ бастдзинад дарын. Уый фæстæ та ноджыдæр карз тохтæ сцырын ацы фады- Джы. Алекси та полчы командиримæ цыд уыцы тохтæм æмæ куыддæр бахæццæ сты, афтæ сæ дæлхайы акочтæм æрбацæй- згъорстой немыцаг салдæттæ. Уайтагъд- сыл Алекси суагъта ав- томат æмæ дзы цалдæр дзыхъмард фæци, иннæтæ фæстæмæ лидзæг фесты. Уыцы тохты фесгуыхыны сæраппонд Алексийæн лæвæрд æр- Цыд «Мæскуыйы хъахъхъæнынады тыххæй» æмæ «Хъæбатыр- Дзинады тыххæй» медалтæ. Иурæстæджы та, 1944 азы, белоруссаг гооæт Витебскы не- мыцаг æфсæдты ныхмæ сæ дивизи самадта стыр тохтæ, >немы- Дæгтæ бахаудтой æрхъулайы. Бахæссын хъуыц ахæм ультима- тум, цæмæй немьшаг æфсад сæхи радтаиккой æнæ хæстæй. Ацы ультиматумы* бахæссын кæмæ хауп, уьтиы булкъон æй райста æмæ сбадт Алексийы виллисыл. йæхæдæг ацамыдта: 275
— Цæугæ размæ. Алекси фæцагайдта йæ виллисы æмæ атындзыдтой. Булкъон ультиматум радта немыцаг æфсæдты командæкæнынадмæ. Немыцæгтæ ультиматум бакастысты æмæ цæхгæр загъ- той — мах тох кæндзыстæм фæстаг лæджы онг, зæгъгæ. Ахæм дзуапп райсгæйæ, нæ дивизи зынгæ фæтыхцжындæр кодта йæ хæст: нъгннæрыдысты нæ сармадзантæ, арв зынг фес- тын кодтой «катюшæтæ». Артиллерион æхсты фæстæ арвыл тар мигъау æрбахгæдтой нæ хæдтæхджытæ. Размæ афсæрстоп таикæтæ æмæ фистæг æфсад. Немыц ,ма ныхмæ бæргæ лæууы- цысты, фæлæ ахæм размæбырсты ныхмæ цы фæлæудзæн?! Нæ дивизийы хистæртæ бахынцыдтой, ахæм карз тохы нæ хиуæттыл дæр зиан кæй цыд, уый, æмæ та дыккаг бон лæвæрд æрцыд ног ультиматум. Булкъон та нæуæгæй æрцагуырдта Алексийы æмæ та бамидæг сты Витебскы. Булкъон радта уль- тиматум немыцаг æфсæдты уымы командæкæнынадмæ æмæ уæд фашисттæ æнæсыбырттæй сæ зонгуытыл æрлæууыдысты, сæ сæртæ уырдыгмæ æруагътой, сæ тырыса зæххыл æрывæрдтой æмæ €æ къухтæ æрфыстой сæ худинаджы гаккыл. Ацы стыр сгуыхтдзинады тыххæй Джиджджойты Алекси хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Дарддæр ма а<м йæ хорзæхты ’хсæн сты, Кенигсберджы хъайтарон штурмы хайад кæй иста æмæ .немыцæгты фæстаг ахстон кæй байстой, Германыл кæй фæуæлахиз стæм, уый тых- хæй æмæ æндæр медалтæ дæр. Иуты дзы систа Алекси æ’мæ афтæ зæгъы: — Иугæр знæгты куынæг <кæиæм, уæд сæ æххæст ам дæр фервæзæм, зæгъгæ, амидæг стæм Японы ныхмæ тохты. Мæнæ мын ацы хорзæх та уым радтой, Манчжурийы япойнаг æфсæд- ты ныддæрæн кæныны тыххæй. Мæнæ адон дæр ахæм хорзæх- тæ сты, уæдæй .нырмæ рацыд дыууьщ азæй фылдæр æмæ ма сьгн цы хъуыды кæ:нын?! Алекси бирæ хæстыты иста хайад æмæ бирæ зын уавæрты бахауд йæ машинæимæ. Уый бирæ хæттытььбахауд йæ коман- диртимæ знæгты цæхæры, фæлæ-иу йæ арæхстдзинады фæрцы аирвæзт йæхæдæг æмæ-иу фервæзын кодта йæ командирты дæр. Полчы командир иттæг хорз зыдта Джиджджойы фырты арæхстдзинад æмæ уый тыххæй Алекси ацы полчы стыр тохты фæндагыл Мæскуыйæ суанг Берлинмæ, стæй та Мæскуыйæ Дард Хурскæсæны онг фæцыд семæ. О, ахæм у хæсты хъæбатыр тохгæнæг Джиджджойты Алек- си. Фæлæ уый ам дæр йæ зæрдæйæ нæ ^исы йæ райгуырæн бæстæйæн лæггад кæпыны хъуыдытæ. . . Советон æфсæцтæ «емыцаг фашистты æ!мæ япоинаг импе- риалистты куы ныппырх кодтой, уæд -не ’фсæддонты фылдæр хай уæлахизимæ цæуын райдыдтой сæ хæдзæрттæм. Уыдонтшæ 270
рацыд Джиджджойты Алекси дæр. Уый сæхимæ куы цыд, уаа æм æмбисонды рæсугъд, уæлахиздзинады нывтæйфæлыст гæх- хæттыл æрцыд фыстæг. Мæнæ, гъе, мæ разы уыцы фыстæг æмæ йæ кæсын: «Джиджджойы фыртмæ! Хæстон æмбал Алекси Къостайы фырт! Кадджын фæндагыл рацыдтæ ды не ’фсады рæнхъытыкарз тохтимæ, стыр зындзинæдтæ æмæ уæззау митæ бавзæрстай ды. Нæ тырысатæ сты.р кадджынæй фæйлыдтой Духовщинæ, Ви- тебск, Таураге, Пилкалиены, Тилзиты æмæ Кенигсберджы тох- ты уæлахиздзииæдтæй. Ацы уæлахиздзмнæдты ис дæ хъæбатыр хæстон куысты хай дæр. Де ’мбæстæгтимæ иумæ ды дæр хайад истай Монголийы æнæдон быдырты æ-мæ стыр Хинганы бæрзонд æфцгуытыл хъайтарон стæрты æмæ æгас Манчжурийыл ахастат иæ кады тырыса уырыссаг зæрдæйæн иууыл зынаргъцæр горæт Порт- Артурмæ. Де ’фсæддон куысты хъæбатыр хæстон æптыстыты тыххæй дæуæн бирæ хæттыты арфæ кодта Сæйрагхистæркомандæгæнæг. Райгуырæн бæстæйæн æууæнкджын службæйы тыххæй арфа^ кæнæм дæуæн. Дæ хæдзармæ æрцæугæйæ, ма ферох ;кæн дæ хъæбатыр, де ’мхæстон æмбæлтты, бæрзонд хæц де ’нæбасæтгæ хæ-стоны кад æмæ цытыл. Æнувыд у, нæ райгуырæн бæстæйы Хурныгуылач! æмæ Хурыскæсæн з-нæгтыл стыр фæуæлахизмæ мах чи ’ркодт?, уыцы стыр тырысайыл. Мах фидарæй уырны хæстон фронты куыд уыдтæ, афтæ са- бырадон куысты фронты дæр кæй уыдзынæ нæ райгуырæн бæс- тæйы рæзт, кад æмæ цытыл цæвиттойнаг æмæ цæсгомджын тохгæнæг». 39 армийы командæгæнæг, Советон Цæдисы Хъæбатыр, гвардийы инæлар-булкъон Людников; 39 армийы æфсæддон Советы уæнг, Советон Цæдисы Хъæ- батыр, инæлар-лейтенант Боико; 39-æм армийы политхайады хистæр инæлар-майор Петров. 1945 азы сентябрь». Ацы фыстæг Алекси кæддæриддæр йæ зæрдыл дары. * * * Алекси 1949 азæй фæсгæмæ кусы Хуссар Ирыстоны паддза- хадон театры шоферæй æмæ дзы бузныг сты йæ хорз куысты тыххæй. Уый райгонд у йæ тох æмæ йæ куысты фæстиуджытæй. 277
Джиоты Катя ТУГÆЙ АХУЫРСТ ÆФСÆДДОН ЧИНЫГ Раджы фæци хæст. Раджы батад арвы хъæбысы топпы хосы фæздæг. Рæстæг йæ фæлмæн армæй ныссæрфта адæмы цæстысыгтæ. Цард ивы. Цард цæуы размæ. йемæ хæссы фарн а»мæ амонд. Фæлæ нырма кæмдæрты баззадысты адæмы зæрдæты хæсты уæззау хъæдгæмттæ, уыцы хъæдгæмттæ хатт сдзурынц æмæ æрымысын кæнынц уæззау тохты æвирхъау хабæрттæ. Н.æ баицадысты сæ риссынæй Джиджджойты Къостайы фырт (Вася) Уасилы уæззау хъæдгæмттæ дæр. Нæ разы тугæй- ахуырст æфсæддон чиныг. Салдаты стыр тохты фæндæгты æв- дисæндар. Æвддæсаздзыд лæппуйæ хæсты æвирхъау улæн астып кодта стыр- хъазуатмæ æвзонг лæппуйы. Додоты къуылдымæй сæдæ æртын æйттмардзæ сахъ лæппуимæ стыр тохмæ фæцыдысты Джиджджойты Къостайы æртæ фырты дæр: Алекси, Мулу æмæ Уасил. Фæцыдысты уæззау тохты фæндæгтыл æмæ лæ- джыгъæдджынæй ’бафыстой сæ хæс сæ фыды уæзæг, сæ иу- бæстон адæмы раз. Æвзонг лæппу уыд, хæсты фæдис Ирыстоны къуымты куы анæрыди, уæд Уасилыл цыд бæрцæй æвдæс азы, астæуккаг скъола каст фæци, æмæ уадидæгæн скъоладзауы фыссæн сис раивта хæстон хотыхæй. Æвæлтæрд уыд, царды ад, царды рæсугъддзинад æххæстæй -æмбаргæ дæр нæма бакодта. Скъо- лайы базыдта æмæ схъомыл советон адæмы легендарон хъай- 278
тарты цæвиттонтыл. Зыдта мидхæсты хъайтартæй Чапаевы, Щорсы, Пархоменкойы, Гайдары, Фрунзейы æмæ æндæрты сгуыхтдзинæдтæ., Зыдта Чкаловы, Байдуковы, Беляковы, Па- панины æмæ æндæрты легендарон уæлахиздзинæдтæ. Стыр фæндтæ, стыр бæллицтæ уыд Къостайы лæппумæ. Царды романтикæ йæ базыртыл хаста æвзонг Уасилы рæ- сугъд сæлтты æмæ тырнындзинæдты. Фæлæ йььн 1941 азы 22 нюны æхсæвы æрдæгыл аскъуыдта йæ рæсугъд бæллицты сау фыдгул знаг. Фыццаг уал стыр хæстмæ фæцыдысты Уасилы хистæр æф- сымæртæ Алекси æмæ Мулу, стæй сæ ’хæдфæстæ та Уасил дазр. Нырма хæстмæ ацæуыны кары нæ уыди, фæлæ барвæндо- нæй уый дæр йе ’фсымæрты фæдыл афардæг. Æвмрхъау уыдысты æвзонг лæппуйы хæцæнтæ. Фыццæ- гæм штурмгæнæг бригадæйы 16 гвардион батальоны сконды карз тохты хæцгæ фæцыди суангдæр Берлины онг. Мæлæтдзаг уыдысты тохтæ. Иууыл æвирхъаудæр тохтæ Уасил райдыдта Вел-икие Лукийы горæты сæрыл. Советон Æфсады штурмгæ- нæг хæйттæ хъазуатæй хæст самадтой горæтмæ бацæуренты. Джиджджойты æвзонг салдат фыццаг хатт басгуыхти }ъщы тохты æмæ йæ нæ командæкæнынад схорзæхджын кодта «Сырх Стъалыйы» орденæй. Тæссаг уыдис æвзонг лæппуйы дæсныйад, æдзухæй дæр уыди хæцæг æфсады раззаг рæнхъыты, знаджы нæмыджы æхсты бын. Уасил уыд сапер. Цал æмæ цал знаджы мæлæтхæссæг минæты систа хæсты быдыры йе взводимæ æвзонг салдат. Цал •советон адæймаджы цард бахызта сау мæлæтæй. Гъе та цал немыцаг танк æмæ салдаты ссардтой сæ мæлæт, Уасил æмæ йе взвод цы минæтæ нывæрдтой, уыдонæй. 1944 азы Джиджджойы фырт цы æфсæддон хайы уыд, уы- иы штурмгæ’нæг бригадæ баиугонд æрцыд Прибалтикæйы Лыццаг фронтмæ. Уыцы аз Джиджджойты Уасил йæ хъæба- тырдзинад æмæ арæхстджындзинады тыххæй æртæ хатты хор- зæхджын æрцыд «Хъæбатырдзинады тыххæй» майдантæй. Советон Æфсад Днепры доны сæрты куы хызтысты, уæд уыцы тохты æвæджиау æхсар æмæ л-æгдзинад равдыста Джиджджойты Уасил йе взводимæ. Бæлæгъыл обадт йæ хæс- тонтимæ æмæ знаджы тыхджын артиллерион æхсты бьш аленк кодтой доны и.ннæ фарсмæ. Карз, æвирхъау тохты ба- нахстой плацдарм æмæ знаджы æрбалæбурдæй тæссагдæр бы- ьæтты нывæрдтой танкæйы ныхмæ минæтæ. Иу чысыл рæстæ- Джы фæстæ знаджы танкæтæ рацыдысты размæбырсты, цæ- л'æй фесæфтгонд позициты фæстæмæ райстаиккой. Фæлæ не фсæддон хай цы бынаты æрцахста хъахъхъæдад, уыцы бы- натмæ хæстæг куы рбахæццæ сты ’немыцаг размæбырсæг тан- к^тæ, уаед кæрæдзи фæдыл пиллон арты аныгъуылдысты. Чи 279
ма сæ аирвæзт, уыдон фæстæмæ фездæхтысты æмæ лидзынмаз фесты. Уæдмæ не ’фсæддон хæйтты стыр къордтæ ахызтысгы доны сæрты æмæ, знæгты дæрæнгæнгæйæ, бырсын райдыдтой размæ. Уыцы тохты хъæбатыр минер Джиджджойты Уасилы наэ ьомандæкæнынад йæ арæхсты тыххæй схорзæхджын кодта «Кады Нысаны» орденæй. Советон Æфсæдты размæбырсæг хæйттимæ æвзонг хæстон фыдгул знаг дæрæнгæнгæйæ, цыд Ныгуылæны ’рдæм. Бахæц- цæ Ныгуылæн Германы зæхмæ. Данциджы сæрыл карз тохты Джвджджойты Уасил фæци уæззау цæфтæ æмæ бахаудта æф- сæддон рынчындоимæ. Æххæст нæма сдзæбæх сты йæ хæстон хъæдгæмттæ, афтæмæй та ногæй ацыд хæ’цæг æфсады раз- заг хайм,æ. Афтæмæй додоттаг æвзонг лæппу европæйаг адæм- тæн Советон Æфсадимæ иумæ сæрибардзинад хæсгæйæ, ных- хæццæ Берлинмæ. Ныххæццæ æмæ уæлахизæй фæци йæ тохы æвирхъау тугæй цæм фæндаг Берлины горæты. 1947 азы гвардийы кæстæр сержант Джиджджойты Къос- тайы фырт Уаоил æрыздæхти йæ райгуырæн хъæу Додотмæ. Уæлахизæй рыздæхтысты йе фсымæртæ Алекси æмæ Мулу дæр. Уæлдай стырдæр æнтыстытæ уыд Алексийæн, уый дæр хæсты фьщцаг бонæй суангдæр хæсты фæудмæ æдзухæйдæр уыд фронты раззаг хаххыл. йæ риуыл æрхаста йæ хъæбатыр- дзинадæвдисæг хæстон хорзæхтæ. Фронтæй сæрæгас æмæ лæг- дзинадимæ рыздæхти Мулу дæр... ...Райсомы рухс фæхицæн ис æхсæвы тарæй. Скæсæны- рдыгæй ссыгъдысты зæрæхшды тынтæ æм,æ сыл цыма арт сирвæзт, уыйау цæхæртæ калдтой æнусон цъититæй æмбæрзт хæхты цъуппытæ. Нырма æххæстæй нæ райхъал сты нæ горæты цæрджытæ, фæлæ уынгты фæзынд дзулласæн машинæ, чысыл рæстæджы фæстæ æрлæууыд дзулфыдæн -комбинаты размæ. Уысммæ ног- фых дзултæй едзаг машошæ ногæй февзæрд уынджы... Уынгæй- уынгмæ, иу дуканийæ иннæмæ æфтауц кæны ногфых дзултæ дуканимæ æхсæвы адджьга фынты фæстæ куыстуарзаг адæ- м.æн. Цæуы иу уынгæй иннæ уьшгмæ, иу дуканийæ иннæ дука- нимæ Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатыр салдат йæ автомаши- нæйы. Нæ горæты цæрджытæй хæрзыстæмтæ зоньгнц уыцы ав- томашинæйы шофыр Джиджджойты Уасил, Ирыстоны разагъ- тайы фæсивæдæй иууыл æвзонгдæртæй сæ иу, кад æмæ намыс кæй кжодта йæ <адæ.м æмæ йæ Фыдыбæстæйæн. Скъолайы партæйæ ацыд хæстмæ, хæсты уадтымыгъты бахсыст, слæг, сфæлтæрдта æмæ ныр та лæггад кæны йæ иу- бæстон адæмæн. Скъаппы лагъзы йæ хæстон хорзæхтамæ Джиджджойты Уаталы бинонтæ æфснайдæй дарынц хæдзарьт хицауы хорзæхтимæ иумæ тугæйахуырст æфсæддон чиныг. 280
Уыцы чиныг, æвæодæгæн, бирæ азты лæудзæн æфснайдæй хæ- дзары бинонтæм. Сомбон Уасилы кæстæ|)тæ куы бахъомыл уой, уæд сæрыстыр уыдзысты еæ фыды æхсар æмæ лæгдзина- дæй æмæ куы бахъæуа сæр, уæд уыдон дæр сæ фыдау бахиз- дзысты сæ адæмы æмæ сæ фыды уæзæджы фыдбон, фыдрынæй.
Дзугаты Савели ДÆ ЗÆРДЫЛ БАДАР ХЪÆБАТЫРЫ НОМ Иуахæмы редакцимæ æрбацыд черменыхъæуккаг сылгой- маг. Бар ракуырдта æмæ æрбахызт мидæмæ. Æрбадт. Йæ цæс- гомыл зыны цавæрдæр æнкъарддзинад, цæуылдæр тыхст. Арф ныуулæфыди, стæй райдыдта: —Ме ’фсымæры тыххæй æрбацыдтæн... — æмæ радзырдта ахæм хабар: — Фыдыбæстæйы хæсты агъоммæ Джимиты Гадзмуры бинои- тæ цардысты Санибайы. Х’истæртæ куыстой колхозы, кæстæртæ цыдысты скъоламæ. Уæгъд рæстæг æххуыс кодтой сæ ныййар- джытæн, кодтой кæсагдзуаи. Петр кæддæриддæр уыдис йе ’мгæртты ’хсæн цæрдæг, цыргъзонд, хæларзæрдæ — ахæмæй йæ зыдтой иууылдæр. Фæлæ Джимиты Петры æнæмæт бонтæ бирæ нæ ахастой, ра- цæй-рабон æмæ бæстæйы сабыр цард раивтой хæсты тызмæг бонтæ... Раздæры скъоладзау æмæ æмгæртты аминдигæнæг ссис хæстон скъолайы ахуыргæнинаг. Бирæ нæ фæци зæрдæргъæвд лæппу уым. Цалдæр мæйы фæстæ æрыгон танкист сбадт æфсæнбæхыл. Арæхстджын ко- мандиры æнтыстдзинæдты тыххæй фыстой æфсæддон газеттæ, йæ хъæбатыр хабæрттæ хъуыстысты Ирыстонмæ дæр. 1944 азы январы онг Джимийы фырт танкон (ныббырстыты архайдта æхсай цыппар хатты æмæ-гиу кæддæриддæр рацыдис уæлахизæй. Æхсай цыппæрæм ныббырсты тыххæй газет «Прав- да» уæд фыста: ,— Цæгат ныгуылæны ’рдыгæй æртæ боны размæ ныббырстон 282
^мæ зыы уавæрты æнтыстджынæй бацахстой 40 хъæуы æмæ горæтæй фылдæр. Уавæртæ куыд зын уыдысты, уый тыххæй радзурдзыстæм танкты иу дæлхайы тыххæй... Хъæды æхоæн фæндагыл размæ лæгæрды та-нкты батальон. Иуæй дзы зыны æрыгон командир Джимиты Петр. Знаг нырма дæрддзæф ис, фæлæ уый фæйнæрдæм кæсы æдзынæг: зымæгон хъæды танкмæ кæсы бирæ фыдбылызтæ — чысыл иуварс аздæх, æмæ уæззау машинæ аныгъуылд цъымарайы. Танкисттæ ма хъуыды кæнынц ахæм хабæрттæ. Капитан куыддæрæгъдауæй арæхсы къæппæджы нæ бахауынмæ. Сапертæ разæй рæвдз кæ- нынц фæндаг, дардмæ хъуысы фæрæтты хъæр, аразынц хидтæ. Танктæ цæмæй хъæды æнтыстджьшæй архайой, уый тыххæй хъæбатырдзинадæй уæлдай хъæуы тынгбирæ фæллой бакæнын дæр. Джимийы фырты танктæ, нысангонд бынатыл сæмбæлдысты афоныл, иу дæр дзы иæ фæхъуыд, афтæмæй. Сæ размæ та уыд бæрнон хæс: знагæй байсын хъуыдис стыр хъæу, дарддæры бырстæн егъау ахадындзинад кæмæн уыдис, ахæм. Хъæумæ цыд дыууæ фæндаджы — хуссары ’рдыгæй над фæндаг, иннæ та — цъымарайы былгæрæтты, танктыл зын ба- цæуæн кæуылты у, ахæм. Кæуылты ныббырстæуа? Танктæ уарзынц, фезмæлæн кæм уа, ахæм ран. Æмæ сын хъæды ахæм фадат нæй, стæй цъымарайы аныгъуылынæй дæр та^ссаг у. Уæлахизы тыххæй хъæуы бæлвырд базоньш знагмæ бацæуæнтæ. Æмæ Джимийы фырт хæсты кæд цæхæр у, уæддæр ныббырст райдайынмæ тагъд ,нæ фæкæны. Бæстон ахъуыды кæны алцæуыл дæр, чьисыл хъуыддаг дæр дзы нæ ферох вæййы. Танктæ сæ ных сарæзтой хуссар фæндагыл, гыбар-гыбур- гæнгæ лæгæрдынц хъæумæ. Дардыл азæлы моторты гуыв-гуыв. Немыцæгтæ се ’ппæт тыхтæ дæр сарæзтой уыдоны ныхмæ. — Немыцæгтæ нæ бафиппайдтой, — дзурынц Джимийы фыртмæ фæлгæсджытæ. Уый йæ мидбылты бахудт: — Тæрсгæ ма кæнут. Фылдæр уьшæр, газыл ма ауæрдут, стæй фылдæр уынæр кæнут. Изæрдалынгты таикты дзæвгар хай сындæггай фæстæмæ аздæхт æмæ бацыдысты сæ раздæры бынатмæ. Æртальшг. Танктæй ницы зыны. Мæнæ куырмы куыд хонай, афтæ развед- чиктæ танктæн амыдтой фæндаг æмæ кæд знаджы пулеметыл сæмбæлынæй тас уыдис, уæддæр сæ кодтой фæстæмæ сæ раз- Давры бынатмæ. Машииæтæ бахæццæ сты хъæуы иннæ кæрон- ^æ. Уырдыгæй лемыцæгты акъоппытæм уыдис цъымараджын ^ыдыр. Æрмæст нарæг уаццагыл уыд бацæуæн. Райхъуыст командæ æмæ сау талынджы танктæ фесхуыстой размæ, сар- ^адзантæй æмæ пулеметтæй знагыл цæхæр згъалгæ. 3<наг байрæджы кодта, танктæ тæссаг бьшатæй фæфале сты аМф итуæвæрдау ссæндынц знаджы акъошпытæ. Уæдмæ æрба- 283
хæццæ сты иæ фистазджытæ дæр æмæ сын æрдæгхæлд акъоп- пыты бацайдагъ армаццагæй хæст. Немыцæгтæ тынг хъæдды- хæй архайдтой фистæг æфсæддонты танктæй фæхицæн æмæ; ныддæрæн кæныныл. Фæлæ ахæм <нæу Джимийы фырт. Уый’ танктæ саразы, хæст тынгдæр кæм вæййы, уырдæм. Хæдзар- Хæдзары фæдыл истой не ’фсæддонтæ знагæй. Уыцы хæст ахаста цыппар сахаты бæрц. Пиллон калдтой къудзитæ. Алы рæттæй зындысты знаджы салдæтты мæрдтæ,*. дæрæнгонд сармадзантæ æмæ пулеметтæ. Фæстæдæр куыд сбæ- рæг, афтæмæй дзы цагъды фæцис з’наджы дыууæ ротæйы,; ныппырх кодтой цалдæр ^сармадзаиы, фынддæс пулеметы, дыу- уадæс минометы. Уый уыдис Джимийы фырты 64-æм ныббырст. Уæд комбат. Джимийы фыртыл цыдис æрмæстдæр дыууæ æмæ ссæдз азы,, стæй йæм уыд Александр Невскийы 1æмæ Сырх Тырысайы ор-* дентæ... Петры хо нæм равдыста йæ къамтæ, йæхи æмæ йе ’мбæлтты писмотæ. Мæнæ къамтæй иу. > Петр лейтенанты дарæсы. Сау æрфгуыты бынæй кæсьшц дыууæ сау цырд цæсты, зьшы сæ хъæбатырдзинад æмæ ныфс. ’ Мæнæ иннæ къам. Петр йæ дыууæ æмбалимæ, цæсгомыл хъазьп цардбæллон худт, йæ дзыхы — лулæ, й,æ риуыл ма фæзынд иу орден, йæ уæлæ ирон уæлдзарм худ. Æвæццæгæн, сæ хуыз систой фæлладуадзæн рæстæг. Мæнæ писмотæ дæр. Ныффыстой сæ Петры æмбæлттæ йæ’ фыд Гадзмурмæ. «Зынаргъ Гадзмур, -*- фыосынц аст афицеры, — дæ фырт Петр нæ сæргъы, афтæмæй æнтыстджьшæй Дæрæн. кæнæм нæ Райгуырæн бæстæйы фыдызнаджы. Уьшмæ мах би-( рæ хæттыты уыдыстæм ныббырстыты æмæ-шу кæддæриддæр раздæхтыстæм уæлахизæй, бонæй-бонмæ хæстæгдæр кæны уæ- лахиз. Æмæ уыцы хъуыддатмæ аккаг бавæрд хæссы дæ фырт Петр дæр. Мах дæ бузныг стæм, ахæм хъæбатыр командир кæй схъомыл кодтай, уый тыххæй». ’ » Ноджыдæр ма .иу писмо. Гæххæтт сбур — цæуы йыл ссæдз азы, чысыл ма /зынынц дамгъæтæ. Фæлæ сьш бакæсæн ис. Фыст у Петры мадмæ. Уым йе ’мбæлттæ стыр арфæтæ кæнынц хъæ- батыр афицеры мадæн. Петр нал сыздæхт хæстæй. Уый уыд æцæг хъæбатыр, бира? уарзта цард, <нæ Райгуырæн бæстæйы. Уымæн æрхаста йæ цард нывондæн нæ абоны амондджын царды сæраппонд, махæн .не ’ппæты фидæн ноджы рæсугъддæр цæмæй уа, уый сæраппонд., Джимиты Петр уыд æрыгон, цыдис ыл æрмæст дыууæ æмæ ссæдз азы. Уыд майор, танкты батальоны командир. Æмæ уæ исчи нæ абаны æнтыстдзинæдтыл, ыæ абоны рухс цардыл куы ахъуыды кæна, уæд-;иу уæ зæрдыл æрлæууæд Джиммйы фырт æмæ уый хуызæн хъæбатыртæ. 284
Гуыриаты Мæхæмæт ИТАЛИЙЫ ИРОН ХЪÆБУЛ 1. ЧИ УЫДИС АЛЫГКА? Ехх, æвæдза, цæй уæззау сты ирон дарды хъæргæиæджы хæстæ! Чысыл хъæуыл дæр стыр хъыджы хабар байтауы, адæ- мы зæрдæтæ сриссын кæны — лæлгоймæгтæ дæлоз æркъул кæ- ньп?ц сæ сæртæ, сылгоймæгтæ ныккæуынц, ныхъхъарæг кæ- нынц. Æмæ цардæй чи нæ бафсæсти, хуры тынтæм йе уæнгтæ фаг чи нæ айвæзта, ахæм гуырд куы фæзиан вæййы, уæд сых- бæстæ, хъæубæстæ, æндæр коймæгтæ уæлдай тæфæрфæс фæ- кæнынц. ...Цыппар æмæ ссæдз азы размæ Дзæуджыхъæуы ( Терчы галиу фарс хъæргæнæг фехъусын кодта Владимиры слабод- кæйы цæрджытæн æнамонд хабар: «Хæсты быдыры фашистты ныхмæ тохы хъæбатырæй фæмард Джиоты Алыгка». Габо æмæ Сардойы хæдзармæ бирæ адæмтæ фæцыдысты, се ’фсымæры иунæг фыртыл сын тынг фæхъыг кодтой. — Гъæй, æгъатыр знагæн уæлæуыл бьшат мауал баззайа, махæн нæ цард сыскъуынынмæ чи хъавы!.. — иæ цæсты сыг нал баурæдта Габо, адæм сæ фæйнæ хæдзармæ куы ахæлиу сты, уæд... — Æ, мæ цæугæ мæсыг куыд акалди, мæ царды ныфс, мæ ^унæг хъæбул куыд æрбайсæфти, — хъарджытæ кодта стыр Мæскуыйы Джиоты Алыгкайы мад Фаризæт... — Цæй цыбыр разынд къаимæ цард... — æнæсцухæй куыдта Алыгкайы бинойнаг Аннæ. —-Дæ чырыны къултæ фæйнæрдæм атонæнт, Барысби, дæ 285
фырты дын знаджы мæмгуытæ сыхырна куы скодтой... — ^ер- хостой Хъæдгæроны устытæ Джиоты Барысбийы ингæн... — Рухсаг у, нæ хæстон æмгар Алыксандр. Мах дæуæн дФ туг райсдзыстæм, — ард хордтой сырхæфсæддонтæ, цæугæдоГ1 Доны фаллаг былмæ кæсгæйæ. ...Хъæдгæроны хуым,æтæг ирон хæдзары рæзыдис Джиоты Алыксандр (хæдзары, стæй æмгæртты астæу æй хуыдточ Алыгка). Иæ фыд Барысби 1919 азы тифæй куы амард, уæд хæдзар фæцудыдта. Фаризæтæн иунæгæй зын уыдис дыууа» æнахъом сывæллонимæ. Тухитæ, амæлттæй архайдта йæ цот схъомыл кæныныл. Дзæбæх хæринагæй ма уæд, фæлæ уæддæр Женя ,æмæ Алыгка æфсæст уыдысты. Рæсугъд дзаумайæ ма уæд, фæлæ уæддæр сæ буар æмбæрзт уыдис æмпъызтытæ æмæ рæтыд уæлæдарæсæй. Цыфæнды куы фæуа, уæддæр хион хион у. Æмæ Фаризæт дæр æрбалыгъд Дзæуджыхъæумæ — йæ тиутæм, Владимиры слабодкæмæ. Алыгка кусынмæ бацыдис «Кавцинкмæ». Стæй 1929 азы фæззæджы колхоз «Ног фæндаг» куы сарæзтой, уæд уый дæр уым кусын райдыдта. Уыцы аз æй райстой фæском- цæдисы рæнхъытæм æмæ уæдæй фæстæмæ йæ уд лæвæрдта куыстæн. Хуым кæныны рæстæг-иу куы ралæууыд, уæд иннæ- ты разæй йæ гæвзыкк уæныгимæ хахх кодта. Таугæйæ дæр æй, уæдæ, Н1ичи æййæфта. Рувгæйæ дæр æмæ нартхор тонгæйæ дæр фæстæдæр никæмæй баззади. — Хицау æй скæнæм нæхицæн, — иузæрдионæй загътой ,ар- телы уæнгтæ, æмæ Алыгкайы равзæрстой бригадирæй. * Куысты мидæг адæймаджы нуæрттæ тыхджындæр кæнынц, хæдзары рæбинаг цæджындз та — фидардæр. Схæцыдысты сæ- хиуыл колхозы руаджы Джиоты бинонтæ. Хæдзары фæзындис исбон, йæ авналæнтæ фæфылдæр сты. Фæскомцæдисы Дзæуджыхъæуы окруджы комитеты уынаф- фæмæ гæсгæ Дж^иойы фырт 1931 азы æрвыст æрцыдис ахуыр- мæ Мæскуымæ. Бацыдис Ворошиловы номыл рабфакмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон хъæуккаг лæппуйæн æмцон нæ уыдис уырыссагау ахуыр кæнын. Уыимæ ма стипенди дæр нæ фаг код- та æмæ-иу суткæйы æрдæг станцæйы æвзалыйы вагæттæ æв- дæлон кодта, æхца куыста. Фæлæ æндæр гæнæн кæм уыд — симды бацыдтæ, уæд дзы симын хъæуы. Æмæ дзы æвзæр нæ арæхстис. Тынг хорз бæрæггæнæнтимæ фæцис рабфак, стæй йæ уырдыгæй арвыстой ахуырмæ Плехановы номыл адæмон хæдзарады институтмæ. 1938 азы Джиоты Алыгка каст фæцис уæлдæр скъолайы промтоварты факультет æмæ йын радтой бæрнон куыст — ССР Цæдисы бязарады ааæмон Комигсари^ты хистæр инспектоп-ме- тодист. Куысты мидæг æрыгон специалист йæхи æвдыста арæхстджынæй. Чысылæй фæстæмæ дæр тухитыл сахуыр ис æмæ йын ныр æнцондæр уыд. йæ мад æмæ йæ хойы æрласта Мæс- 286
куымæ. Фаризæт цинæй рæзыд, — йæ иунæг лæппу фæстæдæр никæмæй баззади, адæмы æмрæнхъ рацыдис. — Ныр дын афон у, мæ къона, дæхицæн бииойнаг равзары- лæн, — арæх-иу бадзырдта мад йæ фыртмæ. Иу хатт та Алыгка фæскуыст сæхимæ куы ’рбацыд, уæд ын фар/изæт загъта: — Уæртæ демæ чи ахуыр кодта — Аня, уый нæ куы уаид. Дзæбæх, хæрзæгъдау чызг у. Алыгкайæн дæр рагæй цыд йæ зæрдæмæ Аннæ. Чызг дæр æй сусæг уарзтæй уарзта. Æмæ 1941 азы июны Фаризæты фарсмæ ног адæймаг æрцардис — йæ чындз Аннæ. Джиоты хæдзары хъæлдзæгдзинадæн кæрон нал уыдис. Фæлæ мæнæ ныццарыдтой къултæ, базмæлыдис зæхх, фæ- дисы хъæр айхъуыстис нæ бæстыл — æрбалæбурдтой нæм не- мыцаг фашисттæ. Карз фæлварæн уыдис уый нæ Цæдисы адæмтæн. Сæ сабыр куыстæй фæиппæрд сты нæлгоймæгтæ, сæ бынæтты сын æрбалæууыдысты сылгоймæгтæ, сывæллæттæ. Фæцис сæ цин Джиотæн дæр. Фондз боны ацардысты Алыг- ка æмæ Аннæ иу бинонты цардæй, ныр та — хæст. Иуæн дæр фæстейæ баззайæн нæй. Атъанг еты, иу .иннæйы хуызæн чи нæ уыди, ахæм ныббырс- тытæ, фæстæмæ лидзынтæ. Хæсты цаутæ бирæ сты æмæ се ’ппæты кой кæм фæкæндзыстæм. Алыгка та дзы бахаудта æп- пæты райдианæй сæ цырендæрты — 1941 азы Мæскуыйы бын- мæ уæззау тохты. Декабры иу хъызт бон немыцаг салдæттæ, се спъирты тæф калгæ, размæ бырстой. Сæ ныхмæ æрлæууы- дысты сырхæфсæддонтæ. Уæрагмæ миты бацайдагъ хъæбыс- хæст. Æрбалæбурджытæ æмæ махонтæ архайдтой джебогъæй æмæ топпы хъæдæй. Алыгкайы ныхмæ дæр дзы фæцис сырхцъар, богъы хуызæн стыр немыцаг. Ахæм рæстæг хъуыды кæнынæн амал нæй — равдис дæ арæхстдзинад. Немыцаг йæхи уыцы-иу уагъд æрба- кодта Джиойы фыртыл, фæлæ а-нæхион фæтылиф кодта. Зна- гæн йæ хæцæнгарзы фындз луварс акъуырдта æмæ йын топпы цæгатæй йæ цæсгом нырриуыгъта. Уæд иннæ немыцаг Алыгка- йы размæ февзæрд. «Мардзæн мæ», — ахъуыды ма кодта Джиойы фырт, фæлæ йæ къах цæуылдæр скъуырдта æмæ зæх~ хыл йæ тъæпп фæцыд. Кæмæндæр, дам, йæ сины саст фæрæст- мæ ис, уыйау Алыгкайы дæр йæ фæкалд фервæзын кодта. Не- мыцаджы топпы джебогъ баирвæзтис æндæр немыцаджы гуы- быны... Бахаудта не сгуыхт гуырд æндæр ракæнæнты дæр. Фæлæ ЗДзух кæй хъуыддаг цæуы. 1942 азы февралы немыцаг нæм- гуытæй фараст ахызти Алыгкайы буарыл — иу дзы сæмбæлд йæ сæрыл, иннæтæ — йæ къæхтыл. Диссаджы ирвæзт та акод- Та уæддæр. Цалдæр мæймæ сдзæбæх ис æмæ æрвыст æрцыд хаэстон академимæ. 287
— Мæн ахуырмæ не ’вдæлы, — хъæддыхæй загъта Джиойы фырт академийьГ кафедрæйы хицауæн. — Дæхиуыл хæц, лейтенант, — сбустæ йыл кодта уый, — мах хъæуы хорз салдатæн хорз командир. — Цыфæнды кæнут, æз ахуыр «нæ кæнын. Куыд æй æмбарут, афтæ йæ бамбарут — мæн фараст цæфы чи фæкодта, уыдонæй хъуамæ фараст амæла мæ къухæй... Ногæй та ралæууыдысты тохы бонтæ, уарьшы бынмæ æмæ судзгæ хурмæ — æдзухдæр акъоппыты. Иуахæмы Доны рахизфарс дыдæр хæлиудзых æфсæддонты аххосæй баззадис стыр сусæг машинæ, хъуыдис >æй æнæмæнг фервæзын кæнын. — Доны фалæрдыгæй сты немыц, — дзырдта корпусы ко- мандир акъоппыты бадджыташ. — Уырдæм бахизын æнцон нæу, фæлæ уыцы ран баззадис нæ зынаргь, сусæг машинæ. Хъæдрæбын лæууы, фашисттæ й,æ нæма фæхъуыды кодтой. Чи?.. Корпусы командир йæ ныхас <нæма фæцис, афтæмæй Джио- йы-фырт фæхъæр кодта: — Мæ бар æй бакæн, æмбал командир! Иуæндæс сырхæфсæддонимæ Алыгка ’хсæвы талынджы ре- зинæ бæлæгъы ахызтис Доны сæрты. Сæумæцъæхæй немыцæн сæ тæккæ цæсты бынæй машинæ ратардта, хъæдын хидыл æй æрбауагъта æмæ йæ æрбалæууын кодта хайады. Бйрæ хъæбатыр хъуыддæгтæ кодта Джиойы фырт. Фæлæ сæ чи яымадта уæд. Не ’фсадæн сæ фылдæр афтæ тох кодтой знагимæ, хæсты цæхæрмæ сæхи æппæрстой. Алыгка арæхстджын кæй уыд, уымæ гæсгæ та йыи иу хатт фондз æмбалимæ бабар кодтой бæрнон хæс сæххæст кæнын. Ахызтысгы Доны сæрты, къудзийы рæбын æрбадтысты. Фæлæ куыддæр сыстадысты, афтæ сæм дыууиссæдз фашисты дыууис- сæдз автоматы ныддардтой. Ахæм ран, æвæццæгæн, хæцгæйæ никуы рамбулдзьшæ. Æхсæзæй дæр ист æрцыдысты уацары. Доны галиу фарсæй уыцы нывмæ биноклтæй кастысты Джио- йы фырты ’мбæлттæ, фæлæ цы сæ бон уыдис. Алыгкайы та й,æ фондз хæларимæ фæцæйкодтой. Мæнæ Алыгкайæн йæ худ зæх- мæ æрхауд æмæ йæм сисынмæ æргуыбыр кодта. Немыцаг сал- дат ьш йæ тыл ныффæртт кодта автоматы тъæпæнæй. Иу хъæр ма фæкодта Джиойы фырт, стæй атылди зæххыл. КæрдæДжыты æртæх æрызгъæлди. Доны фалейæ сырхæфсæддонтæ систой сæ худтæ, бахордтой ард се ’мбалы туг райсыныл æмæ фехъусын кодтой Джиотæн æнамонд хабар... 2. УД ФИДАР У О, ма кæут, Джиотæ! Ма кæут, хъæубæстæ! Чысыл фæуро- > мут уæхи. Барысбийы иунæг фырт уыцы мæлæтдзаг цæфæн 288
бафæрæзта. Фервæзтис та мæлæтæй. Фæлæ йæ худинаджы уа- цар акодта карз, зын фæндагыл. Бахаудта дзуттæгты хыгъд- .мæ æмæ йæ марынмæ æрлæууын кодтой. Æрмæст чидæр куы пыхъхъæрзыдта иронау: «Алыгка, дæу дæр куы сафынц...», уæд æй рауагътой. Стæй та — Миллеровойы (концлагеры, Поль- шæйы, Германы, Францы лагерты хъизæмар, тухи куыст, фосы цард... Нæ бæстæйы адæмтæ дыккаг аз тох кодтой цъаммар зна- гимæ. Уыцы рæстæг фæззæджы мæйтæй иуы Джиоты Алыгка ]а бахаудта Цæгат Италимæ. Уым, Апеннины хохрæбынты, Гитлеры уынаффæмæ гæсгæ уацайрæгтæ арæзтой тъунелтæ, фидæрттæ, — «Готикон хахх» кæй хуыдтой, уый. Лагеры куыстой бынæттон италиæгтæ дæр. Уыдон ахст нæ уыдысты, фæлæ сæм алы бон дæр джигул кодтой — мидæмæ æмæ æддæмæ цæугæйæ. Фашисттæй >сæхи хъахъхъæнгæйæ, уа- цайрæгтæ æмæ италиæгтæ сусæгæй фæзоигæ сты. Алыгка дæр базонгæ, фембал ис Энрико Бандиниимæ. Кæрæдзиуыл бау- уæндыдысты, «æмæ-му Энрико хаттæй-хатт йемæ æрбахаста ^азет «Унита». Коммунистты орган æнæгæды ныхасæй хъусын кодта хабæрттæ советон-гермайнаг фронтæй, фыста Сырх Æф- сады æнтыстдзинæдты тыххæй. Коммунист Энрико Бандини бæлвырд пълан сарæзта Джио- йы фырты уацарæй фервæзын кæнынæн. Иу къæвда бон Алыг- кайы вагонеткæйы гуыффæйы оæвæрдта, уæле йыл дуртæ са-* мадта ,æмæ йæ былæй уырдыгмæ атылдта. Дуртыл йæхи хойгæ, -уацайраг къуыбыры рæбынмæ ныттылди. Уыцы ран цæфтæ æмæ ностимæ фæхуыссыд æртæ боны, стæй немыц куы бам- бæрстой, лидзæгæн ссарæн иал ис æмæ сæ джигул куы ныу- уагътой, уæд Энрико Бандини æрбакодта йæ хæдзармæ Алыг- кайы. Радта йын ном •— Сандро æмæ йæ хосы цъынайы бам- бæхста. Алыгка-Сандро бадзæбæх, фæфидар ис æмæ партизалтæм дæуьшыл ныллæууыд. Уыцы рæстæг горæт Имоламæ хæстæг арæзт цыдис Гарибальдийы номыл 36-æм бригад. Энрико Бан- динийы руаджы Джиойы ф’ырты райстой уыцы бригадмæ. — Зонпæ зонгæ у, фæлæ æндæрбæстаг у, немыцмæ уацары фæцис æмæ йæ зæрды ,цы хъуыдытæ ис, хуыцау æй бамба- рæд — дызæрдыг кодта бригады командир коммунист Луиджи Тинто. — Партизантæн се ’ппæтæ-н дэер сæ фæлварæн иу у, — загъта комиссар Джуида Гуаланди. — Немыцы размæ йæ арвитæм — фæндагмæ. — Разы дæн уый нæ, фæлæ æндæр фæлварæлыл дæр,— <^Дзырдта Алыгка. — А-а-а, Сандро, уый италиагау дæр куы ’мбарыс! — ба- *УДтис Луиджи. — Бахатыр кæн, ам дæр фронт у æмæ хъуа- 19* 289
мæ алкæйы дæр бафæлварæм. Стæййыл уьгй фæстæ та æууæндг гæ бакæндзыстæм... Бригады комиссары хæдивæг Лучиана Бергаадзмни фае- сидтис Джиойы фыртмæ: — Сандро, хъуыды ма кæныс, æндæрæхсæв хохмæ цæугæйæ цы фæндаджы сæрты æрбахызтæ, уый? — Тынг дзæбæх, раст Терчы хуызæн дон йæ галиу фарс аззайы... — Терктæ-йедтæ æз иæ зонын, фæлæ изæрырдæм, цыппар са- хатæй æхсæз сахаты астæу, ууылты хъуамæ æрбацæйцæуа дыууæ автомобилы, — дзырдта Бергандзини. — Ласдзысты сармадзаны нæмгуытæ. — Æппæт дæр æмбæрстгонд у, — загъта Сандро. — Æз рагацау цæуон æмæ бынатимæ лæмбьшæгдæр базонгæ уон. — Нæ, афтæ нæ. Мæнæ ма дын дыууæ ’мбалы. Бацархайут машинæты изæры талынгмæ бауромыныл, стæй сын уæд исты амал кæндзыстæм. Алыгка-Сандро дыууæ партизанимæ фæраст хъæды сусæг фæндагыл доны былмæ. Партизантæ италиагау ныхас кодтой. — Цыдæр хинæйдзаг у ацы уырыссаг, хъæды æмæ хохы къуыбыртыл куыд рогæй уайы, — дзырдта сæ иу. — Уырысы хъæбатыр адæм хонынц, — загъта иннæ. — Кæуылты хъæбатыр <сты... Уæд сын немыц сæ бæстæйы >'рдæг нæ байстаиккой... — Ахæм ныхæстæ дзæгъæлы кæныс, Андреа. Нæ кæсыс «Унита»-йы, уырыс фашистты фæстæмæ куыд пырхгæнгæ фæ- тæрынц, уый. — Æмæ уый афтæ фæуæд, фæлæ ацы лæппу уыдонмæ цы бар дары? Чи у, зоныс æй? — Æгъгъæд, Андреа. Мах дæр уый тыххæй рарвыстой йемæ, æмæ йæ бафæлварæм. Абон сбæрæг уыдзæн, чи у, уый. Алыгка сын сæ ныхас бæргæ ’мбæрста, фæлæ ницы дзырд- та. йæ хъуыдытæ баст уыдысты уыцы дыууæ машинæимæ: «рæстмæ куы нæ фæуа нæ хъуыддаг, уæд мæ агуыпп кæндзыс- ты, ууыл сагъæс дæр нæ хъæуы. Ау, æмæ кæмæй æгуыдзæгдæр уыдтæн хæцынмæ! Нæ, уæд фæлтау мæхæдæг мæхи...». — Сандро, — æвиппайды Алыгкайы цонгыл фæхæцгæйæ, сдзырдта паршзантæй иу, æмæ йын къухæй ацамыдта, арды- гæй дарддæр цæугæ нал у, зæгъгæ. Алыгка йæ алыварс афæлгæсыд, дæлæмæ комы нарæгмæ дæр ныккасти æмæ дзæбæхдæр бынат агурын байдыдта. Стæй æрбадт тæккæ тигъыл, стыр дуры аууон. Иæ фарсмæ æрæ- вæрдта гранаттæ, автоматы дисктæ æмæ йæ каст фæндаджы фæзилæнмæ скодта. Партизантæй иу йæ фарсмæ, чысыл æддæ- дæр æрбынат кодта, иннæ та кæмдæр фæстейæ хохаг къудзийы бын æрныгъуылди. Æнæсдзургæйæ æнхъæлмæ кастысты. Ра- 290
цыди сахат, сахат æмæ æрдæг, дыууæ сахаты... Минуттæ бо*г ты дæргъæн кодтой, Алыгкайы зæрдæ риуы къултæ хоста. Æмбаргæ дæр æй нæ бакодта, афтæмæй, дын, кæцæйдæр моторы уынæргъын ссыдис. Италиæгтæ кæрæдзимæ фæсномы- гæй фæйнæ дзырды баппæрстой. Алыгка йæ цæстытæ ныкъул- гæ даер ’нал кодта, æдзынæг кастис дæлæмæ. Уалынмæ фæзи- лæнæй æрбазьшдис стыр италиаг уæзласæн æхгæдсæр автомо- биль. Цыма Германы мулк иууылдæр уый ласта, уыйау гуыв- гуывгæнгæ сабыргай размæ лæгæрста. Хæстæгæй-хæстæгдæр цыд партизанты ’рдæм. Алыгкамæ афтæ каст, цыма йын йæ шо- феры иунæг гæрахæн акъуырдзæн. Фæлæ дыккаг машииæни- кæцæй зынди. Фыццаджы æрлæууын кæнид, æмæ дыккаг куы- нæуал æрбауæнда, уæд хъуыддаг хæлы. Сандро автомат сарæзта машинæйы кабинæмæ, шоферы сæрмæ. Автомобиль размæ цæуы. Алыгка дæр йæ хæцæнгарзы хæтæл сабыргай йæ фæдыл хæссы. Стæй уæд йæ цæсты кæро- нæй ауыдта, тигъæй иннæ машинæ йе схъæл фындз куыд æр- бадардта, уый. Алыгка йæ улæфт иу минут фæурæдта æмæ йæ автомат сабыргай аскъæрдта шоферыл. Тæрæг рулыл æрды- дагъ, машинæ йæхи бакъуырдта хохы къулыл иннæрдæм фæ- зылд æмæ дуртыл, сæрбихъуыройгæнгæ, дæлæмæ асхъиудта. Стæй цыдæр æбуалгъы гыбар-гыбур райхъуысти, ком ныцца- рыдта, хæхтæ банкъуысыдысты. Алыгкайы размæ цы стыр дур лæууыд, уый дæр уыцыиу гæпп акодта дæлæмæ, йæ фæстæ иннæ дурты ссивгæ. Уый, машинæйы цы сармадзаны нæмгуытæ уыд, уыдон срæмыгътой æмæ иугæйттæй, дыгæйттæй, дæсгæйт- тæй æмгуыпп кодтой. Дыккаг машинæ дзыхълæуд фæкодта, цалдæр немыцаг сал- даты дзы рагæ-пп коцтой. Æнхъæлмæ кæсæн нал уыдис, уымæн æмае ныр Джиойы фырт дзæбæх зындаид знагмæ. Фæлæ немы- цæгтæ фæсæлхæргонд сты, цы кодтаиккой, уый нæ зыдтой. Дыууæ италиаг партизаны æмæ Алыгка рагьæй дæлæмæ цал- Даэр гæрахæн амæрдтой фондз знаджы, шоферы та цæф фæ- кодтой. — Хæцын диссаджы хорз чи зоны, ахæм адæймаг у, — æм- бисæхсæв бригады командирæн доклад кодта, Алыгкаимæ чи Уыдис, уыцы партизантæй иу. — Мах ротæйы йæ уадз. — Нæ, афтæ гæнæн нæй, хъуамæ фæфидардæр кæнæм Кар- ло Николийы ротæ. Уым, хæцæнгæрзтæ хорз чи зоны, ахæм эдæймаг тынг хъæуы. Стæй Сандро италиагау дæр зоны æмæ ньш уый уæлдай хуыздæр уыдзæн. — Ау, зоны мах æвзаг? Хулинаг, мах та Андреаимæ йæ цу* РЬ1 нæхирдыгонау уырысы койтæ фæкодтам. Мæ цæсгом ма там куыд равдисдзынæн? —- Æмбаргæ лæппу у, нæ дæм фæхæрам уыдзæн, — загъта 291
командир. —Мах æгъдæуттæм хорз арæхсы. Уый дæр кæмдæр хохы райгуырд. Кавказаг у, ирон... . Афтæ райдыдта йæ цард партшанты астæу Алыгка. Санд- ройы хъæбатырдзинады кой бонæй-бон арæхдæр хъуыстис Цæ- гат Италийыл. Национ сосæ, Фоентино æмæ Моптонаройы фæндæгтыл æхсæвыгон иу фашистон машинæ дæр, иу немыцаг салдат дæр не ’рбаирвæзтаид. Партизанты нæмгуытæ æгъа- тырæй ардтой сæ бынат. Уæлдай сгуыхт дзы кодта ирыстойнаг Джиоты Алыгка. Иуахæмы та Сандро боныгон фиййауы дарæсы баурæдта стыр уæзласæн машинæ Монтонаройы фæндагыл. Шоферы фарсмæ цы немыцаг афицер бадтис, уый сæлгъыста Сандройы: — Цы лæууыс ам фæндагыл, æви дын дæ фос фæтардæ* уыд! Иу дæр уа> мауал баззайа! Ды та, шофыр, цы баурæ;> тай машйнæ? Баскъæр ыл æй æмæ йæ тъæнгтæ акæлой! — Ды Кавказы искуы уыдтæ? — афарста Сандро афицеры. — Уæддæр ма дзæнгæда цæгъды, — мæстыйæ сдзырдта ’немыцаг æмæ дамбацамæ æрæвнæлдта. А-нæхион кабинæйы дуар фегом кодта, æмæ дынджыр англисаг джебогъ немыцаджы гуыбыны афардæг... — Махмæ, Кавказы, цъаммар знагæн ахæм салам фæдæт- тьшц. — Мæн ма амар, — балæгьзтæ жодта шофер, — æз чех дæн, адонæй нæ дæн. — Цы ласыс? Минæтæ дзы ис, ахæссут сæ уæхицæн. Æрмæст мæн дæр акæн демæ партизантæм, — куырдта бæрзонд мæллæг чехаг. Минæтæ сабыргай фæсвæд- ранмæ фæхастой, автомобиль та къуыбырæй дæлæмæ >сæрсæфæ.нмæ асхуыстой. Стæй уæд цалдæр минæйы сæ рæтты бамбæхстой, афтæмæй ацыдысты æфс-æпвæндагмæ æмæ йæ æхсæвы срæмыгътой. — Бынтон æнæзакъон мита> кæныс æмæ уый дæр хорз пæу, — бауайдзæф кодта Карло Николи Сандройæн. — Исчи ма боныгон афтæ?.. — Тæригъæддаг хъуыддаг уыдаид, уыцы машинæ куы ауагътаиккам, уæд. Ныр нæм сусæг ран дунейы минæтæ æм- бæхст ис. —^Уæдæмæ кавказаг абырæг дæ æмæ дын цы бакæнон,— фæлмæн йæ мидбылты бахудгæйæ, загъта Николи. — О, абон ма нæм ноджыдæр æртæ уырыссаджы æрбалыгъди æмæ ба- зонгæ у семæ. Чи сты, цы сты? , Сарæхсдзысты махимæ æви нæ? Алыгка, базонгæ йе- ’мбæстæгтимæ — Ивановимæ (Гусь- Хрустальныйæ), Орловимæ (Смоленскьг облæстæй) Бдовинимйе ! (Куйбышевы облæстæй). Хæрзæгъдау адæм разындысты, хъæ- батыр тох фæкодтой фашисттимæ суанг хæсты кабронмæ. 292
Италийы партизанты змæлд тынгæц-тынгдæр кодта, раза- мынд Ь1Н лæвæрдтой коммунисттæ. Фæлæ-иу афтæ рауад, æмæ-иу сыкк дæр фесты. Иу хатт, хъæды, партизалтæ кæм æхсæвиуат кодтой, уым бæстæ иууыл- дæр гæрах ссис. Бацайдагъ хæст. Уый та рауад афтæ. Цыдæр дзырдхæссæг æрбакодта фашистты партизанты цæгъдынмæ. Уый размæ та йæхæдæг цалдæр боны партизантимæ фæцис. Уыцы ’хсæв хæсты ту худæджы цау æрцыди æмæ йын æнæ радзургæ нæй. Алырдыгæй гуыпп æмæ гæрах куы ссис, уæд Сандро дæр йæ автоматимæ разгъордта. йæ размæ фæцис зæрдæхæлар хъæлдзæг хæринаггæнæг Перфюме. — Коморадо, исты ахордтай, — афарста Перфюме Санд- ройы. — Цавæр хæринаджы кой кæныс? Ам бæстæ гæрах куы у. —-Ахордтай, зæгъгæ, дæ куы фæрсын? — Нæ, цы мæ баййардтай! — Ахæр, науæд дæ автомат хорз не скусдзæн. Фæсæмбисæхсæвмæ гадзрахатæйцæуджыты дæр æмæ фа- шистты дæр ныццагътой партизантæ. Цалдæр ма дзы алыгъд. — Бæллæхы адæймаг дæ, Перфюме — уый фæстæ худæ- гæй мардысты бригады комиссар, Сандро æмæ Николи. — Лдæм — фæдисмæ, ды та — къæбицмæ. — О, коморадо, ахæм хæринаг рагæй нал сфыхтон æмæ йæ. зæгъын, калын куы бахъæуа... Цыдис карз тох, фæлæ адæм адæм сты æ<мæ уыцы тыхсг бонты дæр ’нæ уагътой сæ хъазын, худын. Джиойы фырт дæр- иу арæх кодта ирон таурæгътæ йе ’мбæлттæн. Лæмбынæг-иу æм хъуыстой уыдон дæр. Италиæгтæ зо- нынц аргъ цыргъ ныхасæн. Хæсты кæронмæ Цæгат Италийы ахæм горæт, ахæм хъæу нал баззадис, Сандройы фæсаууонмæ кæнæ æргомæй чи нæ зыдта. Ныр ссис хицæи хайады сæргълæууæг. Италийы комму- ниегты, социалистты æ»мæ иугонд партизанты газетты фыстой советои афицер Сандройы тыххæй, компартийы Централон Ко- митет дæр ын арæх арфæ кодта йе ’нæкæрон хъæбатырдзинады фаедыл. Федор Полетаев (Поэтан) æмæ Джиоты Алыгкайа* (Сандройæ) хъуыстгонддæр фæсарæйнаг иæма хæцыдис Ита- лийы сæраппонд. Поэтан йæ цард дæр радта Италийы хуыздæр фицæны сæраппонд. Бирæ советон адæм фесæфт хæсты быдыры Италийы. Дæсгай, фондзыссæдзгай ингæитæ кæйдæр зæххыд мысыц кæнынц италиæгтæн сæ уæрæсейаг æрдхорды. 3. ЦЫ ФÆЦИС САНДРО? —- Цымæ цы фæуыдаид Сандро? — фарстой, иу аз Мæс- кУымæ Италийæ цы хæстон ветеранты делегаци æрбацыд, уын Уæнгтæ. 293
— Уый та чи у? — дзуашш бæсты бадис кодтой советон ветеранты комитеты. — Поэтаны хуызæн зынаргъ адæймаг у уый дæр махæн. Уымæн дæр Поэтаны хуызæн лæвæрд æрцыдис Италийы национ Хъæбатыры ном. Йæ сыгъзæрин фондзтигъон стъалы йын мах немæ ’рбаластам. Æмæ рабæрæг ис: Сандро — Джиоты Барысбийы фырт » Ллыгка у дзæбæх, æнæниз, кусы Мæскуыйы стьгрдæр дукани- тæй иуы директоры хæдивæгæй. Фарон æй фыссæг С. Смирио- вимæ ахуыдтой Италимæ, уым ын диссаджы .кад скодтой. «Сан- дро та ногæй фæзынди Италийы!». «Италийы чацион хъæбаты- рæн зæрдиаг салам!». «Сандро æгас у!» — ахæм лозунг- тимæ горæт Больоняйы цæрджытæ дæсгай минтæй рацыдысты уынгтæм æмæ арфæ кодтой сæ ирон хъæбулæн. Ныртæккæ коммунист Джиойы фырт у хъæппæрисджын архайæг хæсты ветеранты советон комитеты. Æвзæрст æрцы- дис æхсæнад «ССР Цæдисы Италийы» правленийы уæнгæй. Иа> риуыл хъазынц иуæндæс италиаг хæрзиуæджы æмæ фондз со- ветон о^дены æмæ майданы. Италийы кО’Ммунистон парти æмæ адæм сæ бæстæйы хъæ- батыры шæ рох /кæнынц. Алыгкайæн дæр алы бæрæгбон арфæ кæнынц. Æрæджы йæм æрбатыдис ахæм кады гæххæтт: «Джи- оты Барисы фырт Алыксандрæн (Сандройæн). Фашизмы æмæ нацизмы ныхмæ национ сæрибаргæнæг тохы цы бавæрд бахас- та, уый хынцгæйæ: йæ .къух’мæ хæцæнгарз кæй райста æмæ иннæ антифашист- тамæ, адæмы хуыадæртимæ иумæ Италийы .радикалон æгъда- уæй раивыимæ кæй тырныдта; хæсты быдьгры нæ цы кадджын æмбæлттæ фесæфт, уылоны ном мысгæйæ æ’мæ йе сгуыхтдзинæдтæ хъуыды кæнгæйæ; нæ хæс — Т01Х кæнын Италийы фидæныл, кæцы уыдзæп са- быр, амондджын æмæ сæрибар — нæ рох кæнгæйæ. Италийы Коммунистон партийы Генералон секретарь Лу- иджи Лонго». Джиоты Алыгка йæ бинонты къордимæ цæры Л^æскуыйы. Йæ бинойнаг Аннæ Степановна кусы инженерæй Трансторг- снабы пъланон хайады. йæ хистæр чызг Фаризæт ацы аз каст фæцис скъола, кæстæр Юля бахызтис 8-æм къласмæ. Италийы национ Хъæбатыр Джноты Алыгка (Сандро) кад скодта канд Ирыстонæн нæ, фæлæ æгас Советон Цæдисæп дæр.
Хъодалаты Герсан ÆХСАРДЖЫН КОММУНИСТ Адæймаг райгуырц цæрынæн! Адæймаг райгуырд фæллой Кгннынæн, Райгуырæн бæстæйæн исты хæрзиуæг саразын.ян... Адæймаг райгуырд адæймаджы амондæн, йæ хистæртæн — пумахъомæн, йæ кæстæртæн — разамонæгæл, йе ’мгæрттИхМæ — уæхски-уæхск, размæ, царды бæрзаендтæм фæдис кæнынæн!.. Бирæ сты адæймаджы хæстæ... Алчи сæ сæххæст кæнын- хъом нæ бавæййы. Алкæмæн сæ иу гакк не сныв кæны хъысмæт. Цардбæллш уыд, цæрын æмæ кусын уарзаг у мæ очеркы чъайтар дæр. Вазыпджын æмæ мидисджын у уымæн йæ цардвæндаг» Лæмбы.нæг куы «ацæуай», экскурситæ куы саразай уыцы ал- ьаэндагыл, уæд дзы царды чиныгæй бирæ фæрстæ бакæсдзынæ, бирае фыдæбæттæ бавзардзынæ, бирæ ахъаз дын фæуыдзæн, Д^химидæг ныхъхъуыдыкæндзынæ: «Цæрын æмæ кусын афтæ ^"^вуы! Лæгæ.н цы (йæ бюн V, уьгй сарæзта æмæ аразы ныр дæр». Мæ очеркы хъайтар Джиоты Къаргойы фырт Къоста — ^Ь1тджын Октя-брæч иу гфæдз хистæр йедтæмæ нæу — рай- гУЬ1рдис 1916 азы Знауыры районы Уелиты хъæуы. Астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ 1934 азы кусын рай- Дыдта колхозы хынцæгæй. Æвæлтæрд лæппу бæрнан хæсы «уаргъ» систа йæ уæхскмæ. Уæззау ын кодта уыцы «уаргъ>, -^ынцынады дырыс æмæ вазыгджын хъуыддæгтæ сæрзилæн Ф^ндээгтыл кодтой уый, фæлæ никуы фæцуццлдта: 295
«Лæгдзинад зæххыл ис, æргуыбыр кæн æмæ йæ сис», — йæхинымæр-иу хъуыды кодта Джиойы фырт... Бонтæ цыдысты, тахтысты се ’взист базыртыл. Сæ фæст<*> цинбæллонæй цыдис Къоста дæр... Фæндаг æй кодта размæ, рухс «нысанмæ. Мæнæ дидинæг рафтьщта К’ъостайы рæсугъд бæллиц — 1939 азы йæ риуы дзыппы, зæрдæмæ æввахс, нывæрдта ленинон партийы сырхцъар билет. Джиойы фырт ноджы арфдæр бамбæрста .йе ’мбæстагон хæс, партион билет дзы ды стыр хъуыддæгтæ домы, æппæт уы- дæттæ æмæ цардмæ акастис ноджы уæрæхдæр цæстæй. «Ленины аккаг фæдон оуæвын зын æмæ хæрзиуæгон хъуыд- даг у... Ныр мæнмæ дзурдзысты партнйы кадджын номæй... Сырхцъар билет дзыппы хæссыи нысан кæны Ленины хурæм- рухс идеалтæн хи снывонд кæнын, дзыллæйаэн дæндагæй цы- рагъ дарын» — хъуыдыты «ыгъуылд Къоста... Æмæ уыцы рухсбазыр сагъæстæ та реалон цардмæ тач- тысты иудадзыгдæр... Куыстуарзаг адæймагаш йæ фæндаг алырдæм дæр уæрæх у, алы ран дæр ын гом у. 1940 азы Къостакусын райдыдта парти^ йы Хусеар Ирыстоны обкомы инструкторæй. Уым дæр та йæхи равдыста æнувыд кусæг, принципиалонæй. Бон, дам, цæуы æмæ фарн йемæ хæссы, — дзуры ирон адæ- мон æмбисонд. Фæлæ 1941 азы бонтæ семæ фарны, :рухс амон- ды бæсты æрхастой туджы зæйтæ, бомбæты рæмыгъдтытæ. цæф салдæтты хъæрзын, мады хъарджытæ, зындойнаг цъа>х- арт... Уæд нæ фарны бæстæм æрбалæбурдта цылгъапдæр знаг— фашистон Герман. Райгуырæн бæстæ бахауд тæссаг уавæры, æрсидтис йæ иузæрдион, хъæбатыр фырттæм: «Нæ фехъуыстон» мачи зæгъæд! Райгуырæн бæстæйы хæдбардзинад æрбабырсæг фыдгуд- тæй бахизьшы сæраппонд хæстон фæндагыл ныллæууыд Джио- ты Къаргойы фырт Къоста дæр 1941 азы августы мæйы. Немыцаг фашистты ныддæрæн кæныны хъуыддагмæ Джи- ойы фырт дæ,р бахаста, къæмдзæстыг 1цæ)мæй нæ уа, ахæм кай* бавæрд. Æфсæддон хъуыддæгты принципиалон, хиуылхæцгæ кæй уыди, организаци æмæ командæкæньшмæ «рæвдз кæй уьгди, уый уадидæгэш фæбæр^æги æмæ йæ урæдтой бæрнон бынæтты. 47-æм хæхжонæхсæг дивизийы 6-æм хайады штабы началь- никы æххуы(Сгæнæ1гæй, Хуссар-Скæсæн, Стали,нг,рад æмæ Хуссар фронты 38-æм арм,ийы штабты 8-æм хайадты æмæ 1-аг танкæ- йон армийы штабы начальникы æххуысгæнæгæй кусгæйæ, уый дырыс æмæ æнæфæкъуыхцыйæ ифтонг кодта командæкæнынады сæрмагонд (специалон) бастдзина/дæй. ’’ '38-æм армийы фæстæмæ алæуды замамы Джиоты Къосга ёарæзта стыр ахсджиаг’хъуыддаг— знаджы нæмгуыты ихуар- 296
ды бын уый фервæзын кодта, шифродокументтæ кæуыл уыд, <чхæм автомапшнæ, — цæугæдол Доны (Галиу фаромæ йæ ахи- зьш кæнгæйæ. Сталинпрады операцийы рæстæджы Къоста æппьшæдзухæй уыдис æфсæддон-столитикон ахуыргæиæвдоны (ВПУ-йы). Зын æмæ уæззау уавæрты, æнæхъæн суткæты æгъуыосæгæй кусгæйæ, уый ифтонг кодта командæкæнынады æнæаскъуыйгæ- специалон бастдзинадæй. 1943 азы дыккæгæм январы Джиоты Къоста Æфсæддон- политиюон ахуыргæнæвдонмæ сæрмагонд, аксджиаг нысани- уæг .кæмæн уыд, ахæм документтамæ атахт .хæдтæхæг «У—2»- йыл. Фæндагыл «У—2» бахаудта ныхмæлæууæджы куынæггæ- иæг хæдтæхджыты æрхъулайы æмæ йæ æрыппæрстой. Джиойы фырт, йæ цард рауæлдай жæнгæйæ, ютыр лæджы- гъæд равдисгæйæ, уæддæр фервæзьш кодта документты аом.с æмгъуыдмæ сæххæст кодта æфсæддод хæслæвæрд. 1943 азы, сæрды, цæугæдон Миусы былгæрæтты бахъахъ- хъæнæн æмæ размæ абырсты тохты Джиойы фырт бакуыста æфсадыл сусæг управлени кæныны ахъаззаг документтæ, ахуыр кодта управленийы æмæ дæлхæйтты офицерон оконды. Ифтонг кодта командæкæнынады æфсæддон .хæйттимæ æнæаскъуыйпе оперативон бастдзинадæй. Лæджыхъæд кæй равдыста, командæкæнынады специалоч бастдзинад .кæй ифтонг кодта, æф^сады дæлхæйпты кадртæ æм- бæлон æгъдауыл кæй æвæрдта, сусæг документты кæй фервæ- зын кодта, æппæт уыцы сгуыхтдзинæдты тыххæй Къоста хор^ зæхджын æрцыд «Сырх Стъалыйы» орденæй æмæ «Фыдыбæс- тæйон хæегы фыццат къæпхæны» орденæй. Хæст фæцис. Къоста дæр æгас хæдзар асардта. Сабььр цар- ды ха райдыдта хæрзиуæгон куыст. 1946 азæй уый куыста Гуырдзыстоны КП Хуссар Ирыстоны обкомы секторы сæрп>- лæууæгæй. 1955 азы æрвьгст æрцыд СЦКП ЦК-йы уæлдæр партион скъоламæ æмæ йæ каст фæци 1958 азы. Уæд кусьш райдыдта Гуырдзыстоны КП Хуссар Ирыстоны обкомы адми- нистративон хайады сæргълæууæгæй, 1959 азы февралы та ра- размæ æрцыд партийы обкомы секретарæй. Джиоты Къоста 1965 азы февралы æвзæрст æрцыд фæл~ лойгæвджыты депутатты Хуссар Ирыстоны областон Советы æххæстюомы сæрдары кæдивæгæй. 1965 азы та юблæххæсткомы саврдарæй. Джиоты Къоста у Гуырдзыстоны КП ЦК-йы уæнг, парти- йы Хуссар Ирыстоны обкомы уæш\ ССР Цæдисы Сæйраг Со- веты депутат æмæ фæллойгæнджыты депутатты Хуссар Ирыс- тоны облсоветы депутат. 29Г
Хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы, Фæллойадон Сырх Тырысайы ордентæ æмæ медалтæй. Принцишиалон партион кусæг, йæ Райгуырæн бæстæйы лæггадгæнæгмæ ноджыдæр бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын- мæ æнхъæлмæ кæсы йе ’мирон адæм. Бантысæд ъш!
Пухаты Плья КАВКАЗЫ ХÆХТÆИ БЕРЛИИМÆ 1941 аз... Карз тохтæ цыдысты нæ райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæныныл. Советон Æфсад аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой фашистон æрдонгтæн, алы ра,н дæр €æ дæрæн кодтой æгъатырæй. Уыцы рæстæджы æфсады рæнхъытæм акодтой Джиоты Ар- сены фырт Тарасы дæр. Уымæй размæ дæр Джиойы фырт би- рæ бæрнон бынæтты фæкуыста. Алы ран дæр ын сгы.р аргъ кодтой, ’райгуыраш бæстæны раз, йæ ирон адæмы раз йæ хæстæ намысджынæй кæй æххæст кадта, уый тыххæй» Фæлæ та хæсты райдианы Джмойы фырты бахъуыдис, йæ ^нстæртæ цы сæрибар цард æрхастой, уый бахъахъхъæныны саьр. Æмæ уый дæр, зындзинæдтæ ницæмæ даргæйæ, алы ран чæр æвдыста хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинады цæвиттон. Хæсты райдианы афицер Джиойы фырт Советон Æф-сады Раднхъыты кодта политикон куыст, йæ разæнгардгæнæг дзыр- ^æй хæстонты разæнгард кодта знаджы нъгхмæ тохмæ. 1943 аз «’нтыогæйæ каст фæцис «Выстрел»-ы курсытæ, лæвæрд ын æр- Дыд капитаны пом æмæ та .ногæй æрвыст æрцыд фронтмæ пол- чы камандиры хæдивæгæй. Ацы ран дæр та уый йæ хъæбатыр- Дзинад æмæ лæгдзшнадæй цæвиттон æвдьгста иннæ комаидир- тæн дæр. Йæ хистæртæ йын цы характеристикæтæ лæвæрдтой, уы’м æй хуыдтой цæттæ коммунист-политикон кусæг, уыимæ хорэ командир. 299
Ахæм цæттæ æмæ æнувыд адæймæгты сæр тьшг хъуыдж- нæ Райгуырæн бæсгæйы хæсты уæззау бонты. Æмæ 1943 аз’ы, хæст йæ тæккæ карзыл куы уыд, уэвд Джиоты Тарас урæд ^ер- цыд Суворов æмæ Богдан Хмелиицкийы орденхæссæг 88-æм Сырхтьгрьюаджын Запорюжаг гвардиюн æхсæг дивизийы’ 269 гвардион æхсæг полчы командирæп æмæ уэед ^ноджы тынгдæр рабæрæг йæ курдиат. Мæнæцы фыста 28-æм гвардион æхсæг .корпусы командир^ гвардийы инæлар-лейтенант Рыжов, Джиоты Тарасы «Сырх Ты~ рысайы» орденæй схорзæхджын кæнынмæ куы бавдыста, уæд. «88-æм гвардион æхсæг полчы командир, твардийы майор Джиоты Тарас 1945 азы 7 февралы Одеры цæугæдоны сæрты ахизьшы æмæ Рейтвены хъæумæ хæстæг бæрзæ,нд 76,0 байсы- ныл тохты рæстæджы иттæг арæхстджьшæй разамынд юодта полкæн. Немыцæгты фистæг æфсады иу батальон, фондз хъо- мысджын танчы дæр ын æххуыс кодтой, афæтмæй рабырста хонтратакæйы. Уыцы рæстæджы Джиойы фырт уыдис тохы артдзæсты, йæ мыфсхаст æмæ арæхстджын а;рхайдæй хæстюнты разамгард кодта знаджы иыддæрæн кæнынмæ. Уыцы тахты сæйраг уæз æрхаудта полчы фьщцаг æхсæг батальонм{е,-Бата- льоны комамдирæн стыр пржтикон æххуыс бакодта Джиойы фырт. Уый фæрцы ацы батальон скуынæг кодта ныхмæлæууæ- джы фистазг æфсады иу ротæйы бæрц, ахъаззаг ныхкъуырд радта знаджы цыппар контратакæйæи. 1945 азы 9 февралы та Рейтвейы хъæуæн хуссар-хурныгуы- лæнмæ з<наг æрбакалдта афицерты полк, 1&танкы «Каролег,- ский типр»-тæ ’сын æххуыс кодтой, афтаамæй. Ацы тохы дæр та сæйраг уæз æрхаудта Джиойы фырты полчы фыццаг æхсæг ба- тальонмæ. Æмæ уæд полчы командир Джиоты Тарас æххуыс- мæ æрцыд батальонмæ. йæ арæхстджын æмæ ахъуыдыгонд зрхайд, йæ ныфсхастдзинады фæрцы хæстонты уæнгты бауагъ- та стыр хъару æмæ уыдон Дæр, мæлæт лицæмæ даргæйæ, уд- уæлдай тох кодтой размæбьцрсæг з.нæгты ныхмæ, ныддæрæп кодтой шыхмаэлæууæджы цып/пар контратакæйы, знагыл æрцыд стыр зиæнттæ, афтæмæй фæстæмæ алæууыд. Ахæ.м сгуыхтдзи- нæдты тыххæй у «Сырх Тырысайы» орден райсыны аккаг». ! Æ)мæ афтæ алы .хатт дæр, Джиойы фырты (курдиат моджы тынгдæр фæбæрæг хæсты фæстаг этапы, Ооветон Æфсады хъо- мысджын цæфтæй немыцаг-фашистон тыхæйисджытæ фæстæмæ куы алæууыдысты æмæ хæстон аркайдтытæ Германы зæкмæ хаст куы ’рцыдысты, уæд. Уым та Джиойы фырты полк ноджы хъомысджын цæфтæ фæкодта фашиютон лæпмартæн. «1945 азы 16 алрелы Франкфурты горæтæн цæгатырдыгæй, Одеры цæугæдоны былыл зиаджы ,хъахъхъæ,нынад батоньш æмæ полчы дарддæры æнтьгсгæ размæбырст соргаеизаци кæ- иыны рæстæджы Джиойы фырт равдыста иттæг хорз хæсто1? ЗОО
зрашггдзмнад æмæ организаторан курдиат. 24 апрелы йæ полк ^нæнхьæлæджы бабьирста знаджы аэродроммæ æмæ скуынæг кодта з^наджы стыр къорды. Уыцы тохы Джиойы фырты полк скуынæг кодта знаджы 2 бронетранспортеры, 19 автомашинæ- йьт, байста 23 хæдтæхæджы, 32 автомашинæйы, 1 бронетранс- портер. Уыцы тохы знагæй фæмард 47 салдат æмæ афицеры. ]10 иемыцаг салдат æмæ афицерыта сæхи уацары радтой. Джи- ойы фырт иууыл стырдæр арæхстдзинад та равдыста Берлии байсыныл тохты». Афтæ фыста корпусы командир, Джиоты Та- расы Сыр.х Тырысайы дыккаг орденæй схорзæхджын кæньш- мæ куы бавдыста, уæд. Сырх Тырысайы дыууæ ордены йедтæмæ ’ма Джиойы фырт .хорзæхджын æрцыд Алексавдр Невсвдйы орден æмæ фондз медалæй. Фæцис Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Тохфæллад хæстонтæ здæхтысты сæ хæдзæрттæм. Æрыздæхтис уæззау цæфтæй Та- рас дæр Хуссар И.рыстонмæ. Фæлæ йæхицæн бирæ улæфт нæ радта. 1946 азæй 1948 азмæ ахуыр кодта Гуырдзыстоны Компар- тийы Централон Комитеты партжш ’окъолайы. Уый фæстæ куы-ста бирæ бæрнон партион æмæ советон бынæтты. Фæлæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты бавзаргæ фыдæбæтгæ лэмæ уæззау цæфтæ басастой тохфæллад хæстон Джиойы фыр- ты хъару æмæ 1962 азы амардис цæрынхъуагæй.
Гаглойты Владимир ТОХ ÆМÆ КУЫСТЫ НАМЫСДЖЫН... Даргь æмæ вазыгджын у адæймаджы царды фæндаг. Саби йæ фьщцаг къахдзæф куы акæны, уæдæй суа.нгдæр йæ зæры боь- тæм нæ фæзыны йæ царды стыр фæндацжы кæрон. Даргъ æмæ вазыгджын у Джиоты Уасилы фырт Солома- ны царды фæндаг дæр. Райгуырд 1915 азы Хуссар Ирыстоны Уелиты хъæуы. Ахуыр кодта сæхи хъæуы райдиан скъолайы, фæстæдæр та Цхинвалы иран авдазо« скъолайы. 1933 азы каст фæци уыцы скъола æмæ куыста сæ хъæуы колхозы хынцæгæй. Фæлæ æвзонг лæппуйы ахуырмæ, цард æмæ зонынадмаг тырнæг зæрдæ æрынцой иæ ардта. Ногæй та ахуыр. 1936 азы каст фæщи Цхинвалы педагоган рабфак, 1938 азы та Цхинвалы дыууæазон институт. Уый æмрæстæджы куыста газет «Ком- мунисты» сæудæджерадон хайады сæргълæууæгæй. 1938 азы Соломанмæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъы- тæм. Службæ кодта Севостополы зенитои артиллерион ахуыр- гæнæндоны сырхæф^æддонæй. Æфсапы рæнхъытæй куы æрыздæхт, уæд кусынмæ бацыд газет «Ленилоны» редакцимæ. Уый фæстæ та куыста газет «Коммунисты» (ныоы «Советон Ирыстоны») редакцийы агитаци æмæ пропагандæйы хайады гæсæй, стæй та бæрнон секретарæй. 1941 аз. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Соломаи’мæ æрсидтысты æфсадмæ. Куыста Хуссар Ирыстоны областы æф- сæддон комиссариаты политикон хайады инструкторæй. 1942 азы йæ арвыстой ахуырмæ В. И. Леншш номыл Æфсæдцон- Политикон академимæ. Академи каст фæци 1943 азы. Уыцы аз^ноябры мæйы æрвыст æрцыд фыццаг Украинæйы фронтмæ, 302
нысан æрцыд 253 æхсæг дивизийы 808 артиллерион полчы парт- оргæй. Джиоты Соломаны хæстон фæндаг райдыдта Кие’вы горæт ссæрибар кæныны сæрыл тохтæй. 1944 азы августы мæйы советон Æфсæдтæ сæхи цæттæ код- той Сандомиры горæтæн хуссары ’рдыгæй фарс цæугæдон Ви- слæйы сæрты ахизынмæ. Æвирхъау карз тохты не ’фсæддон хайæн бантыст доны сæрты ахизын æмæ, ахсджиаг нысаниуæг кæмæн уыдис, ахæм позицитæ байсын. Фæлæ уыцы позидитæ фæстæмæ райсымы сæрыл знæгтæ самадтой карз тохтæ. Не ’фсæддон хæйттæм зна- джы танкæты .ныхмæ хæцæнгæрзтæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ тæссаг уыд ныхмæлæууæг фæстæмæ куы байстаид, цы позицитæ фесæфта, уыдон. Æвæстиатæй хъуыд доны сæрты знаджы тан- кæты .ныхмæ хæцæнгæрзтæ аласын æмæ нæ хæстон позициты сфидар кæнын. Уыды ахсджиаг хæс бахæс кодтой Джиоты Со- ломанæн. Уый 1-аг батарейы парторг, дуайнаг гуырдзиаг лæп- пу Копадзеимæ æртымбыл кодта батарей æмæ взводты хиетæр- ты æмæ сарæзта доны сæрты ахизыны пълан. Боны рухс цадæггай тайын райдыдта, æмæ æхсæвы талынг хъæццул æрбамбæрзта зæххы уæлцъар. Вислæйы цæугæдоны ардыгæй фарс нæ хæстонтæ сцæттæ кодтой тъиуитæ. Тъиуитыл сывæрдтой сармадзантæ æмæ æнæунæрæй сæ ных сарæзтой доны фаллаг фарсмæ Фæлæ з.нæгтæ бафиппайдтой мах хæстонты. Ныррухс код- тай прожектортæ доны былтæ. Ныннæрыдысты сармадзантæ, скуыстой пулеметтæ æмæ минаметтæ æмæ цæугæдон Висла хъаймæт фестад. Соломан æмæ йе ’мбæлттæ бахаудтой знаджы сармадзанты æхсты бын. Махуæттæ доны иннæ фарсы ’рдыгæй дзуатш радтой знæг- ты артиллерийы æхстæн. До.ны сæрты дыууæрдæм тахтысты цæхæртæ калгæ сармадзанты нæмгуытæ. Уыцы æвирхъау æхсты бын Соломан æмæ йе ’мбæлттæн стыр зьгнтæй баитыстис доны фаллаг фарсмæ сармадзанты аирвæзын кæнын. Уадидæгæн, танкæты ныхмæ хæцæнгæрзтима* тъиуитыл цы бæхтæ рахизын кодтой, уыдоны сыл аивтыгътой æмæ сæ хъавгæ, аивæй, бахæццæ кодтой уæлвонг къуылдыммæ, ды ран сæм æнхъæлмæ кастысты стыр зæрдиагæй мах хæстонгæ. Бонрæфтмæ æрфидар кодтой танкæты ныхмæ хæцæнгæрз- тæ къуылдымыл æмæ æнхъæлмæ кастысты з^нæгты фæзыньшмæ- Æмæ фæзындысты... ...Уыды бан æхсæз хатты рзцыдысты немыцаг танкæтæ атакæйы. Æхсæз хатты сæ удуæлдай тохты фæстæмæ аппæрс- тх>й мах хæстонтæ. Фæлæ ахсджиаг бæрзæнд нæ фæтасыд. Бæр- зæндæй нæ нымæг кодтой сармадзадтæ. Ныуурæдтой зладжы ^вирхъау атакæты. 303
Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы нæ хæстонтæ удуæлдайæ лъахъхъæдтой бæрзæнд. Стæй уæдмæ ,не ’фсæддан хæйттæ гхызтысты Вислæ,йыл æмæ бахчхуыс кодтюй армыдзаг хъæба- тыр хæстонтæн. Гвардийы булжъон Войко, Джиоты Соломаны «Фыдыбæс- тæйон хæсты» дыккалг къæпхæны орденæй схорзæхджын кæньг ны тыххæй фыета йæ бардзырды: «Партион организаци, пол- чы сæрмагонд сконд тохты фенын кодтай хъæбатырдзинады хорз цæвиттонтæ. Æппæт тохты дæр коммунисттæ сæхæдæг сæхи цæвиттонæй разæнгард кодтой хæстонты лæджыгъæды хъазуатмæ, æвдыетой хъæбатырдз’инад æмæ лæгдзинады цæ- виттонтæ. Фæстаг тохты хорзæзджын æрцыдысты партийы 67 уæнджы æмæ партимæ кандидаты. Полчы партион организа- цийы сконцæй 85% хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ 1май- дантæй. Тохты уæлдай тынгдæр чи басгуыхы, уыдон нымæц æппын- æдзухæй фылдæр кæны полчы партиан организацийы рæн- хъыты. Фæстаг тохты партийы рæнхъьгтæм уæнгтæ æмæ канди- дæттæй ист æрцыдысты 18 адæймаджы. Джиойы фырт тох кæ- лы хъæбатыр æмæ ныфсджынæй, активон æххуыс кæны тох- мæ бацæттæ кæныны æмæ ауадзыны хъуыддагæн. Фыдызла- джы фæстийæ сургæйæ, партион куыст хорз сифтонг кодта æмæ бах^уыс коита рæстæгыл хæетон тыхты равæрды хъуыддагæн. Угринувы сæрыл тохты уыд 7 æмæ 4 батарейты, уыцы ба- тарейтæ æвæрд уыдысты знаджы ныхмæ комкоммæ æхсты на- водкæйы, Джиайы фырт оифтонг кадта уыцы батарейты арæхстджын архайд æмæ уымæй фæрæвдздæр кодта хæстон лæстæ сæххæст кæныиы хъуыддаг. 1944 азы 8 августы мыхмæлæууæджы тыхджын артпуле- метон æхсты бын Джиоты Соломан батареимæ аленк кодта, дивизийæ цæугæдон Вислæйы сæрты фыццаг ч,и ахызт, уыдо- нимæ æмæ хайад иста фыдызнаджы цыппар контратакæйы ап- парыны то*ты. Разæнгард «одта батарейы сæрмагонд сконды хæстонты уæлахшы тохтæм». Знаг карз тохтимæ фæстæмæ лыгъд йæ лæгæтмæ. Советон Æфсад знаджы дæрæнгæнгæ цыд ныгуылæнмæ. Джиоты Соломан йе ’фсæддон полкимæ цыд фронты раз- заг хæйттимæ. 1944 азы фæззæджы бахæццæ Одеры фаллаг фарс горæт Грюньбергмæ. Горæтмæ фыццаг цы ’фсæддон хæйттæ бацыдыс- ты, уыдонимæ уыд Соломан дæр. Знæгтæ сфæнд кодтой хин ми, горæтмæ бацæуæнты сæ тох баурæдтой. Афтæ зынд, цыма фæстæмæ афардæг сты. Афтæмæй та бабадтысты хæдзæргвд, ныккæндты, æрьш- ’. бæхстысты сисрæбынты æмæ куыддæр не ’фсæддон хæйттæ ба- 304
Зфва>зтысты горæты уынгтæм, афтæсыл знæггæ сæхи ныццавтои. Æвирхъау тох бацайдагъ горæты уьшгты. Разæй ды артил- лсрион батарей уыд, уый «омандир фæмарди. Джиоты Соло- ман йæхимæ райста командæкæнынад, разылдта сармадзаны лчмæ кюмкоммæ æ/хотæй скуынæг кодта знаджы æмбæхст зын- гои тæппыты. 1945 азы январы мæйы тохтæ райтынг сты горæт Губен, стæй та Коттбусы юæрыл. Уыцы горæттæ бирæ рæстæджы цы- дысты къухæГькъухмæ. 808 артиллерион полк стыр хъæбатыр- дзинадравдыста,уьщы1Г0рæттæ ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Коттбус ссæрибаркæлыны фæотæ 808 артпол/к ’хæцгæ цьь дис Хуссар-Скæсæны ’рдыгæй Берлинмæ бацæуæнты. Фы-ццаг Ьелоруссаг фронт æмæ фыццаг Украинаг фронт, (кæцыйы сконды уыд 253 давизи дæ;р) æрхъула .кодтой зиæгты стыр лфсæддон хæйттыл æмæ сæ куынæгкæнын райдыдтой. Фæстæдæр, 1945 азы 14 апрелы гвардийы инæлар-майор Войко Джиоты Соломаны «Фыдыбæютæйон хæсты» фыццаг чъæлхæны ордшæй схюрзæхджын кæныны тыххæй фыста, зæгътæ: «1945 азы 12 январæй суангдæр 18 февралмæ фыц- цаг Украинæйы фронты размæбырсты тохты Джиоты Соло- ман кæддæриддæр уыд батарейты æмæ ифтонг кодта парти- йон-политикон куыст хæстон ба;рдзырдтæ æххæсткæныны хъуыддаджы. Тохты рæстæджы партийы рæнхъытæм ист æр- цыд 19 адæймаджы, уыдонæй 4 адæймаджы ÆК(б) Партийы рæнхъытæм уæнгтæй æмæ 15 та—кандидаттæй. Вогляныто1вы сæрыл тохты Джиойы фырт, фыццаг бага- ]>ейы сконды уæвгæйæ, атшæрста лыхмæлæууæджы æртæ тых- джыя контратакæйы. Батарейы зьгнгæй куынæг æрцыд 200 бæрц .немыцаг салдат æмæ афицеры, ныппырх кодтой фыдыз- наджы 40 уæрдоны хæстон æрмæджытимæ. Горæт Грюнбергы сæрыл тохты, 1945 азы 14 февралы, Джиойы фырт, дыккаг æмæ æвдæм батарейты сконды уæвгæйæ, сорганизаци кодта, знæг- тæ цы хæдзæртты бадтысты æмæ цы æлхынцъ бьтнаты уы- лысты, уырдæм, комкоммæ æхсты æмæ ныддæрæн кæныны хъуыддаг. Сармадзаны командир куы фæцæф, уæд Дж-иойы фырт йæ- химæ райста командæкæныны хæс æмæ сифтонг кодга ’хæстон хæстæ иттæг хорз ауадзыны хъуыддаг. 1945 азы 20 январы 7 батарейы æмæ 981 æхсæг полчы хæстонтимæ иумæ уацары ракодта 44 немыцаг салдат æмæ афицеры». Хæст фæуынхъус уыд, афтæ Чехословакийы хицауад æрсидтис Цæдисон æфсæдты командæгæнджытæм, зæгъгæ, фашисттæ хъа- вьпщ Прагæйы горæт ныппырх кæнынмæ æмæ домдта æххуыс- Гъе, уымæ гæсгæ Советон Æфсады æртыккаг æмæ фæн- дзæм гвардион армитæ, гъе, стæй инæлар Рыбалкойы.танкæйоч армийæн бахæс æрцыд Прагæйы фервæзын кæнчны хъуыддаг. 20* ’ 305
9 майы Советон æфсæдтæ бацыдысты Прагæмæ, ныппырх кодтой знæгты æмæ ссæрибар кодтой горæты. Уыцы бонуым фæцис йæтохы хъæбатыр фæндаг Джиоты Со- лома^нæн дæр. Уæззау уыдис уыцы фæндаг, фæлæ .йыл хъæба- тыр хæстон кæронмæ фæдыд намысджынæй æмæ Советон Æф- садимæ иумæ ба,хызта фашистои фьщ рынæй фидæны фæл- тæрты. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Советон Æфсады майор Джиоты Соломанæн йæ .хъæбатырдзинады тыххæй лæвæрд æрцыдььсты «Фыдыбæстæйон хæсты» фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны ордентæ æмæ фондз майданы. Цалдæр хатты райста сæйраг командæкæнынады арфæтæ. Хæсты быдыры Соломан цалдæр хатты фæцæф, райста контузи. Фæлæ тохы быдыр .никуы ныууагъта. 1947 азы Джиоты Соломаи æрыздæхтис æфсады рæнхъы- тæй йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Систа йæ хæстон хотыхтæ æмæ æрывнæлдта сабырадо’н цард аразынмæ. Уæдæй нырмæ кусы Хуссар Ирыстоны æндæр æмæ æн- дæр бæрнон бынæтты. Уыд Энауыры партийы райкомы 2-аг секретарь, Хуссар Ирыстоиы обкомы инструктор, партийы Цхинвалы райкомы дыккаг секретарь, газет «Советон Ирысто- кы» редактор, Профцæдисы Хуссар Ирыстоны областон Совегы сæрдар, Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы фæллойгæнджыты цардуагон домæнты фæлындзыны Управленийы хистæр æмæ æнд. Ныртæккæ та кусы Хуссар Ирыстоиы облæххæсткомы пад- дзахадон сусæгдзинæдтæ мыху^ры хъахъхъæныны улравлепийы хистæрæй. Советон æфсæдтæ фашизмы куы иыцъцъист кодтой, уæдæи 20 азы куы рацыд, уыцы уæлахизы бон банысан кæныны тых- хæй Фæскавказы æфсæддон окруджы командæгæнæг армийы инæлар А. Стученко Джиоты Соломалмæ æрбарвыста арфæйы фыстæг. Фыстæджы дзырдæуы: «Зынаргъ Соломан Уасилы фырт! Окруджы æфсæддон Со- вет арфæ кæны сымахæн, куыд хæсты активондæр хайадисæг, афтæ, 1941—1945 азты Советон адæм æмæ йæ Гарзджын Тыхтæ Фыдыбæстæйон хæсты кæй фæуæлахиз сты, уый тыххæй æмæ нæ фæнды де нæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбон». 1952 азы Джиоты Соломан каст фæци Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединститут æмæ 1957 азы та — СЦКП 1ДК уæл- дæо партион скъола. Хорзæхджын V Гуырдзыстоны ССР Сæй- раг Советы Президиумы æмæ ПЦÆЦС кады грамотæтæй. Цалдæр хатты æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны парти- йы обкомы уæнгæй, фæллойгæнджыты депутатты областон Со- ветмæ депутатæй. Гуырдзыстоны профцæдисты республикон Советы онгæй. Кад æмæ намысы фæндагыл рацыд Соломан. Ныртæккæ ис йæ царды фæндаджы хурхæтæлы. Разæй сты стырдæр æмæ намысджындæр хъуыддæгтæ.
Пухаты Петъре ОКТЯБРЫ ÆМБАЙ Аким службæ кодта артиллерийы æмæ сси æмбисонды хæстон. 1939, азы япойнаг империалисттæ Халхинголмæ куы ’рбабырстой, уæд æрвыст æрцыд уыдон ныхмæ хæцынмæ. Уы- цы тохы райста Аким йæ фыццаг хæстон фæлтæрддзииад. 1940 азы æрыздæхт йæ хæдзармæ. Уæхскуæзæй райдыдта кусын сæ хъæу Цъоны колхозы æмæ йæ разы æрæвæрдта фæз- зæджы ахуырмæ ацæуыны хæс, фæлæ... 1941 аз. 22 июнь. Мад йæ уарзон фырты афæндараст код- та удуæлдай тохмæ æмæ ма йæм фæстийæ ахъæр кодта: — Хорз фæндæгтыл цыд фæу, мæ хъæбул! Уæлахизæй-иу дæ хæ- дзарыл сæмбæл! Æмæ каст йæ фæдыл, цалынмæ йын рагъæй фæаууон, уæдмæ. Хæст цырынæй-цырындæр кæны. Стыр æхсызгонæй ба- хъуыдысты æфсæддон топографион кадртæ. Джиоты Аким æр- выст æрцыд иу фронты топографион къордмæ. Уый цыбыр рæстæгмæ фæцайдагъ куыстыл æмæ зæрдиагæй ифтонг кодта картæтæ аразыны хъуыддаг. Бирæ йæ уарзтой йæ хистæрта> Дæр æмæ йе ’мбæлттæ дæр, йæ куысты æнæзивæг кæй уыд, уый тыххæй. Уый фæслужбæ кодта суанг 1943 азы февралмæ. Уый фæстæ та уыд авиохæцæнгæрзты дæсныты курсыты кур- сант. Уыцы курсытæ каст фæци 1943 азы декабры æмæ нысан æрцыд иу авиополчы хæцæнгæрзты мастерæй. Ам Аким бом- бæтæ, снарядтæ æмæ æндæр хæцæнгæрзтæй ифтонг кодта со- ветон хæдтæхджыты. 1944 аз. Не ’фсад хъæбатыр тохгæнгæйæ, ахызтысты нæ арæнтæй. Се ’рцыдмæ Польшæйы сусæг хицауад сорганизаци кодта йæхи æфсад æмæ Сырх Æфсадимæ иумæ афсæрстой фа- 307
шистты ныхмæ. Фæлæ Польшæйы æфсадæн нæма уыд фаг цæттæгонд кадртæ» Уым бахъуыд Акимы сæр дæр. Уый служ- бæ кæнын райдыдта Польшæйы авиополктæй сæ иуы. Уыцы полк знæгты куынæггæнгæ бахæццæ Бранденбургмæ. Хæст фæци. Польшæйы националон хъахъхъæдады ми- нистрад бахынцыдта, <чи йын цы баххуыс кодта йе ссæрибар кæныны хъуыддаджы, уый. Уый тыххæй Польшæйы ’фсæдты сæйраг командæгæнæг Джиоты Акиммæ 1945 азы 11 октябры рьтрвыста мæнæ ахæм гæххæтт: «Зæрдиагæй дын арфæ кæнын Польшæйы ’фсады ’хсæн дæ цæсгомджын æмæ хъæппæрисон службæйы тыххæй. Ды сæххæст кодтай дæ хæс æмæ здæхыс дæ райгуырæн бæстæм — Советон Цæдисмæ. Зæрдæбынæй мæ фæнды дæуæн стыр æн- тыстытæ дæ ног куысты. Демократон Польшæ никуы ферох кæндзæн Польшæйы республикæ ссæрибар æмæ сæндидзын кæныны хъуыддаджы 'Сымах—советон хæстонты стыр хайба- вæрд. Амондджын фæндæгтыл фæцу нæ хæстон æмкусæг! Фи- дар дын хæцын дæ къухыл!». Цъойнаг зæхкусæджы фырт — хуымæтæг колхозон лæппу Джиоты Акимы сгуыхтдзинæдтæн стыр аргъ скодтой нæ парти æмæ Советон хицауад: лæвæрд ын æрцыдæхсæз хорзæхы. 1945 аз. Сентябры къæвда бонтæ сумæл кодтой Цъоны ба- цæуæнтæ, æмæ ноджы, сыхырнайæ луарæгау, уарыд зæгъ. Агъати йæ хистæр фырт Порайы сидзæр сывæллæтты схуыс- сын кодта, йæхæдæг къæвдайы æддæмæ дæр нæ ракаст, афтæ бадт æм.æ сын цъындатæ кодта зымæгмæ. Æхсæв йе ’мбисмæ баввахс æмæ Агъати йæ лампæйыл ц-рхæпыд. А-ныр ыл бафу кæна æмæ ’рхуысса, афтæ куыйтæ бæсты цъар сæ сæрыл исын байдыдтой. Агъати фæсдуарæй хъил райста æмæ рахызт кæртмæ. А-ныр куыйтыл схъæр кæна, афтæ йæ разы балæууыд бæрзонд æлвæст лæппулæг даргъ цинел æмæ зымæгон худы, йæхи баппæрста Агъатийы хъæбыс- мæ, æдхъил æп фелвæста, ныпъпъа йы,н кодта æмæ йæ баскъæф- та мидæмæ, йæ уатыл æй авæрдта: — Цафон ма бадыс, цафон, нана, дæ рухсхмæ куы ’рцыд- тæн, хъæуы дæуы йедтæмæ рухс куы никæмæй уал кæлы! Агъати лампæйы рухсыл схæцыд, йæхи баппæрста йæ фырты риуыл, йе ’фцæгыл ын йæ цæнгтæ атыхта. — Аким, мæ хъа^бул! Чысыл фæстæдæр мад ныхъхъæр кодта сыхыл: — Мæ хъæбул æрцыд мæнæн дæр, мæ хъæбул. Акнм æр- цыд, йæ нывонд фæуон, Аким æрцыди! Сыхы адæм æмбисæхсæв бамбырд сты Агъатитæм æмæ фæцин кодтой Акимыл. Бон-изæрмæ та хъæуы куывдтæ кодтой, Аким дзæбæхæй кæй æрцыд, уый тыххæй. Уый Аким нымадта лууыл стырдæр кадыл йæхицæн æм-æ æдзух хъуыды кодта, цæ- мæй сын бафиддзынæн ацы стыр лæггад. 308
Акимы уайтагъд равзæрстой сæ хъæуы колхозы бригади- рæй, стæй та — сæрдары хæдивæгæй æмæ уый а>1 йæ хъæуæн лæггад кодта цæсгомджынæй, сæ хъуыддæгтæ сый’' ифтонг код- та æмбæлон æгъдауыл суанг 1959 азы онг. Цъоны колхозæй совхоз куы сырæзт, уæдæй нырмæ та у совхозы рæнхъон кусæг æмæ кæддæриддæр йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæны уæл- дайджынтæй. Афтæ Аким фиды йæ хъæубæсты лæггад, йæ хъæппæрисон куыстæй аккаг хай х.æссы иумиаг хъуыддагма\
Прага Л. АДÆМЫ АМОНДЫ ТЫХХÆЙ Нæ разы ис мсдицшюн службæйы ^улкъон Саламты Со- фьяйы фотонывты альбом. Алы фотонывы дæр дзы уынæм хъаруджын, ныфсджын нæлгоймаджы æфсæддон дарæсы. Уый у Джиоты Иваны фырт Алексавдр." Мæнæ гъе, Джиойы фырт лæууы турникы раз, турникыл та фæлтæрæнтæ аразы салдат. > æч Александр уыд полчы кæстæр дохтыр. Ин>нæ ран та мах Джнойы фырты уынæм, Харьковы дивизитæй сæ иуы сагаита- рон батальоны командирæй куы куыста, уæд. йæ ныв систа, командæкæнынады бахæсмæ гæсгæ командировкæйы куы цыд, уый агъоммæ— машинæйы цур лæугæйæ. Цалдæр нывы та дзы æвдисыпц, 1941 азы райдианы горæтгæрон прогулкæйы куыд цыд, уый. Æмæ æппынфæстаг иунæг фронтон фотоныв: л-фсæтдон дсчтыр Джиоты Александр йе ’мбæлттимæ. Ныв исг æрцыд 1941 азы 25 ноябры Сухая Ветошы хъæуы цур. Фотонывтæм бирæ куы фæкасгыстæм æмæ нын Саламты Софья лæмбыиæг куы радзырдта йе ’мкъай Джиоты Алек- сандры тыхха>й, уæд нæ цæстыты раз февзæрд уыцы хъару- джын, хæдæфсæрч æм-æ адæймагуарз адæймаг. Афтæ нæм фæ- каст. цыма, зæххыл иууыл гуманондæр лрофессийы адæймаг — ацы дохтыр, иамысджын, .принципиалон коммунист, хæлар- зæрдæ, цардуарзаг æмгар февзæрд нæ цуры. , Хстст куы райдыдта, уыцы фыццаг сахатæй фæстæмæ дык- каг рангы æфсæддон дохтыр Джиоты Александр уыд фронты 310
раззаг хаххыл. Уыцы рæстæджы уый уыд дивизийы медсан- ) [дужбæйы хистæр æмæ дивизийы фыадаг эшелоны ацыд фронтмæ. Уадид фæбæрæг, нæ медиктæн тынг цъус кæй уыд медикаменттæ æмæ æндæр æрмæджытæ. Æмæ уæд Джиойы фырт æрæвнæлдта дивизийæн медикаменттæ амал кæнынмæ. Саламты Софья та фронтмæ цыд дыккаг эшелоны. Алек- сандр æм йæ фыстæджы фыста: «Зынаргъ Софья! Зонын æй, зын дын уыдзæн, нæ бæстæ æнæхъæнæй дæр ис ахæм уæззау уаваеры. Ныртæккæ сæйраг у фидар фæлæууын. Цæф æфсæд- донты цæмæй бæттæм .æмæ сын цы хостæй баххуыс кæнæм, уый нын фаг нæй æмæ тынг тыхсæм. Дæхæдæг æй зоныс, цæф- тæн баххуыс кæныны тыххæй иу-цъус æрмæг рахастам Кауна- сæй. Курæг дæ дæн, ма тыхс, фидар лæу, æппæт дæр уыдзæн пывьш. Бомбæтæ уыл кæй калынц, уый дæр дæ тынг ма тæр- сын кæнæд. Хæсты æндæр гæнæн нæй. Махуæттæ дæр сыл цъус бомбæтæ нæ калынц. Æнæниз у. Фенынмæ...» Ацы чысыл фыстæджы дæр бæлвырд разынд Джиоты Александры характер. Иу ныхас дæр дзы нæй йæхи тыххæй. Сæйраг ын у райгуырæн бæстæйы уавæр. Алы хъуыддаджы дæр Джиойы фырт уыд бафæзминаг, цæвиттойнаг. Уый уыд хъаруджын, арæхстджын организатор æмæ йын кæд знаджы ныхмæ бирæ тох кæныны фадат ,нæ фæцис, уæддæр фронты цы чысыл рæстæг фæцис, уыцы дуджы сарæзта медикты æнгом, æмуд коллектив. йæ санитарон дæлхæйттæ-му алы хатт дæр рæстæгыл баххуыс кодтой цæф æфсæддонтæн, цыфæнды æв- зæр уавæрты дæр-иу æвæгæоæг никæй ныууагътой. Иудадзыг сæ алыварс хæлдысты .нæмгуытæ, бирæ советон æфсгеддонтæ цагъды кодтой, фæлæ Джиойы фырт зындзинæд- тæн никуы фæтарст. Алы хатт дæр-иу раст аскъуыддзаг кодта йæ разы æвæрд хæстæ. Алы хатт дæр-иу ныфсытæ авæрдта йе ’мбæлттæн, разæнгард сæ кодта хæстон хæслæвæрдтæ æххæст кæньшмæ. Уыцы рæстæджй йе ’мкай Софья дæр фронты уыд æмæ пæм фыста: «Ныфс дæ уæд, фæуæлахиз уыдзыстæм, æнæмæнг фæуазлахиз уыдзыстæм». Александр бирæ кæстæр уыд иннæ юхтьфтæй бирæтæй, коллективæн нымад цыд йæ уд, йæ дзæц- иыл. Æмæ 1942 азы февралы Джиойы фырт тохы быдыры куы фæмард, уæд æнæхъæн дивизийæн уый уыд иууыл стыр- З’’яр маст: Джиоты Александры мард бавæрдтой Болдайскы. Йе ’мбæлттæй сæ иу йæ фыстæджы фыста: «Хъызт бон. Арвæй -^ъуысы знаджы -хæдтæхджыты моторты унæр æмæ зæххыл та нф хæ<стонты къорд хъыгзæрдæйæ, цæссыгкалгæйæ йæ фæстаг фæндагыл фæндараст кæны йæ хорз æмбалы. Фæстаг хатт ма салют радтам зынаргъ Александр Иваны фыртæн». Нæ разы сты Джиоты Александры хæлæрттæ, йемæ чи Службæ кодта, уыдон фыстæджытæ. Уыдон <сæ æрырвыстой 311
Александры æмкъай Саламты Софьямæ. Мæсæллæй йык код~ той, лæвæрдтой йын ныфсытæ. Чизоны, Александры ингæны ды фыстытæ уыд «Джиоты Иваны фырт Александр фæмард фашистон тыхæйисджыты ныхмæ тохы», уыдон ссыдысты, фæлæ йе ’мбæлттæй, йæ зон- гæтæй никуы ферох уыдзæн ацы намысджын æмгар, комму- нист-хæстоны ном. , Цхинвалы иу хæдзары Александры стыр портретмæ алы бон дæр бакæсы йæ мад Олгъа Григолы чызг. Бакæсы æмæ йæм афтæ зыны, цыма Александр искуыцæй фæзындзæн, дуар бакæндзæн æмæ йæ мадыл нытыхсдзæн. Олгъа Григолы чызг арæх фæзæгъы: «Адæймаг хъуамæ! йæ фæстæ зæххыл ныууадза фæд». Уый æмбары, уынгтæй сы-/ вæллæтты хъæлдзæг худт кæй хъуысы, нæ адæм амондджын, цард кæй кæнынц, нæ бæстæйы стыр амонд æмæ стыр щшдзи-, над кæй ис, уыдон сæраппонд йæ цард радта Александр, ст цард радтой бирæ советон мæдты фырттæ.
Джиоты Катя ФЫДЫЗНАДЖЫ ТОППЫ НÆМЫГ Сæхтæджытææвæрæн чысыл зестыи къоппы гæххæтгы тыхтæй ныр æртæ æмæ ссæдз азы дæргьы æфонайдæй лæууы топпынæмыг. йæ сæр никæйы уал хъæуы хæдзары бинонтæй, ничи дæр æм æв>налгæ кæны. Фæлæ хæдзары хицау Джлоты Никъалайы фырт Ягор хатт уæззау сагъæсты куы вæййы/уæд бинонты еуеæтæй байгом жæны зестын къопп, ,райхалы топпы нæ’мыг, æрывæры йæ йæ армы тъæпæныл æмæ йæм, арф са- гъæсты ацæугæйæ, æдзынæгæй фæкæсы. Фæкæсы йæм æмæ йæ цастыты раз сыстынц æвирхъау нывтæ, æрымысы йæ тохы хæ- цæнтæ. Даргъ уыдысты Джиоты афищеры тохы фæздæгтæ, <на- мысджын. уыдысты йæ тохы хæцæнтæ. Мысы... мысы разахта афицер йæ ивгъуыд бонтæ, йæ хæстон æмбæлтты, мысы, хæсты быдырæй ма удæгасæй чи рыздæхт æмæ абон намысджьш фæл- лой чи кæпы, гъе та, зæры бонты йæ фæллад чи уадзы, уьщы салдæтты. Мьисы, стыр тохы быдыры хъæбатырæй чи фæмард æмæ йæ фыды уæлмæрдыл йе ’оджытæ кæмæн нал сæмбæл- дысты, уыцы зынпхуыст æмбæлтты. Бирæ цæуылдæрты дзурæг у тугæйахуырст топпы нæмыг. Кæддæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цавæрдæр фашиетон сЫрд сарæзта уыцы мæлæтхæссæг <нæмыджы. Рарвыста йæ советон адæмы <марынмæ. Бафтыд удхæссæджы къухты æмаэ иав мæлæты разæй рарвыста сæрибаруарз адæммæ. Рарвыстл йæ... Сымбæлди Джноты афицерыл... сæмбæлд, фæлæ мæлæ- 313-
тæй тыхджындæр разынд айнæгриу ирон. йæ болат уæнгты ньюсагъд, банцад сины... Банцад, йæ кæнон бакодта. Архайдта Ягары царцыл фæуæлахиз уæвынмæ, фæлæ йын иæ бантыст, дохтыртæ йæ систой... Цард фæуæлахиз мæлæтыл. Дохтыр зæрдылдарынæн радта топпы нæмыджы Ягорæн, æрх’аста йæ йемæ æмæ йæ бафанайдта... Цард æмæ мæлæт, туг æмæ дидинджытæ. Æвæдза, куыд æвирхъау у, уый. Чизоны, ныртæккæ дæр ма Ныгуылæны цæры æмæ арха- йы хæсты быдыры Ягоры марынæн маргæйдзаг топпы нæмыг чи оцæттæ кодта, уыцы мæлæты æмцæдисон. Чизоны, æнхъæлы, феро,х 'Сты Ягорæй хæсты бонты æвирхъау даутæ. Мæлæтимæ æнауæрдон тохтæ. Нæ, ницы ферох! Нырма лæууы æфсиай- дæй знаджы топпы нæмыг æвирхъаудзинады æвдисæндар. Нырма æххæст нæ байгас сты советон хъæбатыр салдæтты арф хъæдгæмттæ! Нырма æххæстæй ие ссур сты саударæг сыл- гоймæгты цæссыгтæ! Нырма æнхъæлмæ кæсы ныййарæг мад йæ хъæбултæм хæсты быдырæй æрыздæхьшмæ! Нырма нæ зæр- дыл лæууынц фашистон Германы горæт Берлнны сæрмæ Уæла- хизы сырхтырыса куыд сфæйлыдта, æмæ советон салдат æлгъаг фашизмы ахстон Рейхстаджы къулыл мелы къæрттæй куы ныффыста: «Фари æмæ Уæлахиз!» Æмæ уадз сæ зæрдыл да- рæнт немыцаг милитаризмы тынггæнджытæ, советон адæмæй нырма кæй ницы ферох! Нæ, нæ ферох сты уыцы æвирхъау ха- бæрттæ Джиоты хъæбатыр афицерæй дæр, уый йын йæ зæр- дыл æрлæууын кæны фыдгул знаджы топпы нæмыг, æмæ та куы бафæлварой фыдгул ,'з.нæгтæ» — хæсты арты сæ сæрта? басудздзысты ногæй! Сабыр фæллой кæнынц советои адæм... Афтæ сабыр фæл- лой кодтой хæсты размæ дæр. Зарыдысты мæргътæ, хъазы- дысты сабитæ. Æфцджытыл мерс ;кодтой фосы дзугтæ. Хъуыс- тис цины зарджытæ колхозон быдыртæй... Фæлæ æнæнхъæлæ- джы аскъуыди 1941 азы 22-æм июны адæмы щины зарæг. Уай- тагъд бамыр сты цъиутæ, ныхъхъус сты сабитæ, æгъатыр тас сын сæ цины мидбылхудт асæрфта сæ цæаæмттæй, тас æш* зæрдæхсайындзипад бафсæрстой хæдзæртты къуымта^м æмæ пъæззыйау æрбадтьгсты къонаты алыварс Цыд мæлæтдзаг ,хæст! Цыд рæстагои ха^ст адæмы сæрибар- дзинад æмæ хæдбардзинадыл. Сыгъдысты хъæутæ, сыгъдысты æрдæгæфснайд мæнæуы хуымтæ, калдис туг. Цагъды кодтой адæм. Сæрибаруарз советон дзыллæтæ сыстадысты царды сæрыл мæлæты ныхмæ. Фæцыдысты хæсты быдырмæ, сау рыны ных- мæ. Фæцыд Ягор дæр Иры разагъта фæсивæдимæ хъазуат фæдисы 1941 азы 22-æм июны. Уыд 364 æхсæг дивизийы сапе- ро^ батальоны ротæйы командир. 314
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдырты -нæ адæмы сæри- барДзинад æмæ хæдбардзинад чи бахъахъхъæдта, уыцы азгьуыстаджы Советон Æфсады мингай салдæттау, Джиоты пфидерæн дæр йæ тохы уæлахизы фæндаг райдыдта Кавказы хохрæбынтæй Клухюр æмæ Марухы æфцджыты хæдрæбынтæй. Карз æмæ æнæнтау уыдысты уьщы тохтæ. Зна;г лæбурдта фæскавказмæ хæхты сæрты. Хъуыди сæ æруромын æмæ уыао- пæн, мæлæтдзаг цæфтæ фæкæнгæйæ, хæхты сæрты рахизьшæн фадат ма радтын. Æмæ намысджынæй сæххæст кодтой уыцы зын æ’мæ ахсджиаг хæстон хæс. Уыцы тохты хъæбатырдзинад равдыста Джиоты Ягоры саперкш ротæ. Хæхты зын уавæрты, æвæидаг æмæ ихсыд къæдзæхтæ, дæттæ æмæ кæмтты сæрты ахизæнтыл ифтонг кодтой фæндæгтæ æмæ советон æфсæддон ^ехникæйæи ахизæнтæ. Арæзтой доттæ æмæ хæххон фидæрт- тæ Марухы æнуоон цъитиджын æфцджыты æвирхъау æрдзон хавазрты. Цъитийы судзаг ирдгæмæ сыдысты къухтæ, сыгъд цæсШ’М, хатт цух æй-йæфтой хæринагæй дæр, фæлæ иæ фæтасы- ^ысты, абырстой æрдзы зьгндзинæдты æмæ афтæмæй æххуыс кодтой Советон Æфсады хъахъхъæдадон хахх сфадар кæ- ,1ыны хъуыдда/гæн. Знаг йæ гæндзæхтæ цагъта æмæ æппæт амæлттæй дæр архайдта хæхты сæрты йе ’фсадæн Фæокавказмæ фæндаг ай- гæрдыныл. Знаг Марух æмæ Клухоры æфиджытæм æрбакод- г1а, стыр ныфс кæмæй æвæрдта, уыцы немыцаг хæхтылархайæг æфсæддон хæйтты. Фæлæ ницы рауад знаджы фæндæй. Дæрам! афныд хохрæбьшты æмæ фæстæ’мæ алæууыд- 1943 азы 1-æм январы Ягоры æфсæддон хай бырсын рай- ^ыдта размæ Кубаны ’рдæм æмæ знагæн фæкодта ахъаззаг иæфтæ. Уæззау зиæнттæ æрцыд не ’фсæддон хæйттыл дæр. 1943 азы июны мæйы Ягар æрвыст æрцыд Мæскуыйы æф- сæддон-ин’Женерон ахуыргæнæндонмæ. Ахуыр куы фæци, уæд •1'й снысан ’кодтой Фыадаг Украинæйы фронты 76 корпусы 106 ^хсæг дивизийы саперон батальоны ротæйы камаидирæй. Уыцы '«’фсæддон хæйттимæ иумæ Джиоты Ягор хайад иста æнæны- ^æц æвлрхъау тохты. Æвæджиау сгуыхтдз)И(над рав^ыста Джиоты номдзыд афи- иер Вислайы цæугæдюны сæ/рты не ’фсæддон хæйттæн ахизæн- гæ снфтонг кæньшы хъуыддаджы. Вислайы сæрты ахизьш баи- 1ыст не ’фсæддон хæйттæй иу полкæи. Полх карз токты ба- Нахста плацдарм æмæ йæхи æрфидар <кодта цæугæдоны фал- лаг фарс. Фæлæ фыдгул знаг стыо тыхтæй рабырста æмæ не фсæддон хай æрхъулайы бахауд- Иу æмæ ссæдз бюны полк уы- -*н æрхъулайы, афтæмæй хъæбатырæй тох кюдта знæгты ныхмæ. Ягоры саперон ротæйы хæстонтæ знаджы æ;вирхъау æхсты оь!,н ифтонг кодтоп донæн фаллаг фарс хъахъхъæдады уæвæг советон æфсæддоте хæйтты хæлнадон æ’мæ хæстоп æрмæджы- 315
тæй. Иу æмæ ссæдз боны æппынæдзухæй Ягор йæ ротцшм^ дæсгай хæттыты ахызт Вислайы сæрты æхсæвы талынджы, ну æмæ ссæдз боны æппыпæдзухæй немыцæгты карз æхсгы бын, йæ дард æрдуйыл хæцыд, афтæмæй ирвæзын кодта 'Сæдэе- гай адæимæгты цард сау мæлæты дзæмбытæй. Иу рæ-стæджьг знаджы м.инæ фехæлди Ягоры лодкæмæ хæстæг. Лодкæ фæ- дæлдон, фæлæ хъæбатыр хæсгон уæддæр раленк кодта доны иннæ фарсмæ, ногæй та сбадт æндæр бæлæгъыл æмæ та но* гæй алаета хæстон æрмæджытæ доны фаллаг фарс хъахъ- хъæдады уæвааг ооветон хæстонтæн. Уыцы тохты Джиоты Ягор. æхсар æмæ лæгдзинад кæй равдыста, афойнадыл советон æф-'. сæддон хæйттæн хæстоп æрмæджытæ кæй ифтонг кодта, уыч’* тыххæй йын лæвæрд æрцыд «Александр Невскийы» орден. Советон æфсæдтæ стыр тохты фæстæ ахызтысты цæугæ- дон Вислæйы сæрты æмæ атыдтой знаджы хъахъхъæдад æм^ хъæбатырæй бырсын райдыдтой Ныгуылæны ’рдæм. Цыд Ны- гуылæнмæ Джиоты афицер дæр йæ хавстонты разæй, /цыд уæз- зау тугæрхæм фæндæгтыл (йæ фазыл быргæйæ* <цыд æмæ хаста уæлахиздз’инад фидæны фæлтæрæн. Цæугæдон Нейсейы сæрты ахизыны хъуыддаг сифтонг кæ- выны æмæ ,не ’фсæддсн хæйттæн баххуыс кæньгны тыххæй хъа)- батырдзинад равдыста Ягор йæ саперон ротæммæ. Иуран, фæи- дæгтæ кæм .иу кодтой, цæугæдон Нейсемæ хæстæг, æмæ ахс- джиаг æфсæддон нысаниуæг ’кæмæн уыдис, ахæм фæзуаты не- мьщæгтæ нывæрдтой ммнæтæ. Уыцы хъуыддаг тьшг къуылым- пы кодта не ’фсæддон хæйтты размæбырст, æ/вæстиатæй хъуыд минæджын ’быдыр ссыгъдæг кæнын. Уыцы ахсджиаг хæс ба- хæсчьгндæуыд Ягоры саперш ротæйæн. Æхсæвы Джиоты афи- цер йæ ротæимæ знаджы пулеметты зымджы бын бабырыд фæ~ зуатмæ. Алы мииут дæр сæ цард уыд тæрæзтыл æвæрд. Иуæй знаджы лулеметты æхсты зьгаг, а-ннæмæй та мæлæгхæссæг минæтæ, фæлæ уыцы зьш æмæ ахсджиа,г æфсæддон хæс æнæ- зианæй сæххæст кодтой Япоры оаперот ротæйы салдæттæ æмæ фæстæмæ æрбаздæхтысты се ’фсæддон хаймæ. Бон дзир-дзур кодта, афтæ Ягор йæхæдæг сбадти не ’фсæддон та(нкæтæй са^ иуы æмæ æппæты разæй афсæрста нæ размæбырсæг хæйтти- мæ. Советон æфсæдтæ бахæццæ сты цæугæдоны «былмæ, ныддæ- рæн кодтой знæгты хъахъхъæдад æмæ ахызтысты Нейсейы сæ,рты æмæ дарддæр знагæн стыр зиæнттæ ’кæнгæйæ, бырсын байдыдтой размæ. Уыцы тохты Ягор хорзæхджын æрцыд <'Сырх Стъалы»-йы орденæй. 1945 азы 22 февралы, Губены горæтмæ бырсгæлæ, уæззау цæф фæци Ягор. Уыд тар æхсæв, мит, бæзджьгн хъæощулау. æрæмбæрзта зæхх. Уыд уазал, бæстæ цъыччытæ кодта. Ахауч Ягор æмæ <иæ туг йæ буарæй лæдæрсæн кодта. Куыд ахауд. 316
%Ы'й «ничи базыдта Ягоры хæстоп æмбæлттæй, афтæмæй .иу,нæ- ^æ,й утæхсæн кодта миты уæлæ. Æххуы-сгæнæг нæ ,зынд, туг фæДЫД буарæй æмæ йæ цæстытæ батарытæ сты. Райсом бон- рæфты йæ ссардтой йе ’фсæддон санитарон кусджытæ æмæ йæ ахасгой рынчындое’мæ. Операци йыл скодтой, йæ чъылдымæй 1,ын оП’Стой знаджы мæлæтдзаг лæмыг. Уыцы нæмыджы Ягор уый фæстæ æрхаста йемæ. Рынчындонæй æмгъуыдæй раздæр ":ШЫД фяе,стæмæ йе ’фсæддон хаймæ æмæ та ногæй дæрæн кæ- }\ыи райдыдта æлгъаг фашистон сырдты. Одеры цæугæдоны сæрты ахизыны сæрыл тохты лæгдзи- тгад *<æй равдыста, уый тыххæй йæ нæ командæкæнынад схор- :æхджын кодта дыккаг хатт «Сырх Стъалыйы» орденæй. Одеры цæугæдоныл æввахс уыд стыр хид, тас уыд, немы- пæгтæ фæстæмæ куы алæууыдаиккой æмæ хид куы фехæлдта- [1КК0Й, уымæй. Ягоры ротæйæн бардзырд лæвæрд æрцыд, цæ- мæй хидмæ бацæуæнты ’нывæрдтаиккой минæтæ. Æхсæвы тары арæхстджынæй ахъуызыдысты Ягоры ротæйы хæстонтæ зна- ;жы æфсæддон хæйтты æхсæнты æмæ сын сæ фæсчъылдым хидмæ бацæуæнты соссæ фæ>ндагыл нывæрдтой минæтæ. Рай- сом не ’фсæддон хæйттæ размæбырсты ацыдысты. Знæгтæ нæ Г»аурæдтой Советон Æфсады хъомысджын цæф æмæ сыл уæззау '.иæштæ æрцыд, афтæмæй фæстæмæ алæууыдысты. Хъавыдыс- ты хидыл ДО’Ны .ин’нæ фарсмæ ахизьшмæ. Фæлæ хадмæ куы ба- хæвдæ сты, уæд немыцаг танкæтæ æмæ транспорт минæтыл хæлын райдыдтой. Разæй цы немыцаг танкæтæ ныппырх, уы- дон æрурæдтой фæстæгты æмæ ныццæхгæрмæ сты хидмæ ба* цæуæнты. Не ’фсæддон хæйтты тагъд размæбырстæй знæгтæ паникæйы схæццæ-’мæццæ сты. Хидыл ахизын сæ бои нал ба- ци æмæ уацары бахаудтой. Берли,н сисьгны сæрыл тохты Ягор хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæйон ха^сты дыккаг къæпхæны» орденæй. Афтæ Джиоты афицер сæрибардзинад хаста канд советон адæмæи нæ, фæлæ ма Ев- ропæйы адæмтæн дæр. Иу хъæу Берлинмæ кæстæг, Н-ы хъæуы Джиюты Ягоры саперон ротæ куы бацахста, уæд хъæуы цæр- лжытæ фыртæсæй ныккæндты æмбæхстысты. Тарстысты хъæу ^яе æрбацæуæг советон хæстонтæн сæхи равдисын. Уæд Джио- ™ Ягор бакодта иу немыцаг хæдзары дуар. Бацыд мидæмæ- Къуымы чыссыл сабитæ йæ хъæбысы, афтæмæй, баныгъуылд ^æдзары х:ицау, юабиты мад. Исдуг тарстæй сæ цæстытæ ныц- иавтсй совето’й афицермæ. Уæп, Ягор хæстæг бацыд сабитæм, ^арæвдыдта сæ æмæ дзы сæ иуы йæ хъæбысмæ систа. Саби хуы ба’мбæрста, тас ницæмæй у, уый, куы банкъардта, Ягоры ^аз/рдæйы ахаст, уæд йæ мидбылты бахудт. Уый фæстæ хæдза- Ры æфсин радзырдта, фашистон про^пагандæ куыд тæрсын код- г^ немыцаг адæмы уырыссаг æфсæдтæй. 317
Фæрæдыдысты! Æгæр æууæндаг разындысты мемыцаг* адæм æмæ сæ фашизмы сæргълæуджытæ æгæр æэддонæй ба1ь пæрстой зыадоны арты. Уыцы арты басыгъдысты миллионгап адæмтæ, басыгъдысты уыцы нымæцы еемыцаг адæм сæхæдæг дæр. Басыгъдысты, советон адæмæн мæлæтхæссæг нæмгуыт^ чи цæттæ кодта, уыдон дæр. Фашистон хæстæндзарæгæн йæхид- тæ æртыхстысты йæ сæрыл. Берлины горæты сисыны фæстæ Джиоты Ягор цы ’фсæд- дон хайы уыд, уый æрвыст æрцыд Чехословакимæ. Уым дæрæн кодтой райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæйрацæуæг Власовы æмæ гитлеро-нты хадæн æфсæддон хæйтты. Фашистон Германыл фæуæлахизы цины бæрæгбон Джио- ты Ягор нысан кодта Прагæйы горæты. Фæцис Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Джиоты Ягор æрыз- дæхт йæ фыды уæзæгмæ. йæ хъæбатыр риуыл æрхаста фараст хæстоп хорзæхы. Цалдæр .хатты райста Советон Æфсады Уæл- дæр Командæкæнынадæй йæ хъæбатырдзинад æмæ лæгдзина- ды тыххæй цалдæр арфæйы гæххæтты. Хæсты фæстæ уæддæр йæ куыст нæ ныууагъта Джиоты Ягор. Куыста Хуссар Ирыстоны æндæр æмæ æндæр бынæтты. Ныртæккæ исы пенси. Цæуынц азтæ, рæстæг урс-урсид чырз æрывæрдта Ягоры сæры хилыл. Фæлæ нырма фидар у йæ цонг, уæнгрог æмæ цæ.хæрцæст. Хатт фембæлы йæ хæстон æмбæлттыл, хæсты бьь дыры йæ зынтæ, йæ хъыгтæ, йæ ци.нтæ æмæ йæ уæлахиздзи- нæдтæ кæимæ дих кодта, салдаты .махоркæ кæимæ фæдымдта, уыцы хæстон æмбæлттыл æмæ уæд æрымысынц сæ тохы цаутæ. Ягор та’ цы æрымыса æмæ сæрыстыр цæмæй уа, уый йæм ис. Зын уыдис Я-горы хæстон фæндаг. Зьш, фæлæ уыд лæгдзинад æ>мæ намысы фæндаг.
Асаты Реуаз ЧИ УЫД, КÆЦОН УЫД ЛАБАЗ? Ахметайы районы Д^мастуры рæсугъд ирон хъæуы 1914 азы Джиоты Шакройы хæдзары райгуырд лæппу æмæ йыл сæвæрдтой ном Лабаз. Уый ма æнахъом саби уыдис, афтæмæй фыццаг дунсон хæсты Германы бæстыл кæмдæр мард фæцис йæ фыд. йæ мадæй дæр сидзæр баззад раджы. Чысыл <сывæл- лæттæ (æфсымæр æмæ хо) фыдæбæттæ кодтой, рæзтысты, кæм æрвадæлты, кæм хъæубæсты æххуысæй. Скъоламæ цæуынхъом фæцис Лабаз (куыд рабæрæг, аф- тæмæй йæ кæстæр хо Мария 1930-æм азты Цхинвалы ирон авдазон скъолайы ахуыр кодта мемæ). Зæрдæргъæвд лæппу йæхи куы æрæмбæрста, уæд хъæууон скъолайæ ахуыр кæнын- мæ ацыд Тбилисмæ. Уым каст фæцис ирон техникум. Бацыд фæскомцæдисы рæнхъытæм. Уыдис ахуыргæнæнданы райдиан фæскомцæдисон организацийы секретарь, активон æхсæнадон кусæг. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, .иучысыл акуыста Хуссар Ирыс- тоны дæр. Стæй Мæскуыйы дарддæр кодта йæ ахуыр. Уырды- гæй хæсты агъоммæ ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Æвяонг ирон лæппуиы цыбыр биографийы ахæм хицæн штрихтæй дæр бæрæг у, уьтй ахуырмæтырнæг, цымыдисгæнæг, зæрдæргъæвд, царды æнæрынцой зæрдæйы хицау кæй уыдис, уый. Калпон кæстæр к^мандипы Стыо Фыдыбæстæйон ^хæст ^рæййæфта нæ бæстæйы хурныгуылæн арæнтæм æввахс. Æну- сон гæнахау, сæ риуты ’мбæрц лæууынц нæ хъæбатыр æфсæд- 319
тæ фыдызнаджы раз. Æнæмсæр тохы æнауæрдонæй, æначзгьа- уæй цæгъдынц фыдгулты. Мæлæтæн-мæлæт! Тугæн-туг! — ахæм хъæртæй сыстын кодта Джиоты Лабаз йæ дæлхайы хæстонты зиаджы ных- мæ джебогъæй тохмæ. Гитлеронтæ фæстæмæ алæууыдысты, сæрдыгон цъæх нæууыл мæрдтæ æмæ туг æрхæмттæ ныууадз- гæйæ. Знæт гитлеронтæ дæр сæ маст кæм пыууагътаиккон æма^ та размæ рабырстой танкæты æххуысæй. Уыцы карз тохты фæцæфис Лабаз, æмæ, знаджы фæсчъылдым куыд аззад, уын фыртæвдæй æмбаргæ дæр нал бакодта. Сæрыстыр 1Ирон лæппуйæн йæ хай фæцис, цæмæй тарст, уый, — уацары бахаудта. Сæр æй кæй бахъуыдис дывæр-æрты- вæр ахæм, уый хорз æмбæрста советон хæстон. Æмæ иунæгæй кæй нæ бахауд, йæ фарсмæ ма æндæр уацайрæгтæ дæр кæй уыдис, уый йын йæ зæрдæйы фылдæр ныфс бауагъта. Хъæуы архайын, исты амæлттæ кæнын. Фæлæ куыд, цы ’гъдауæй? Йæ цонг цæф у æмæ куыд иса йæ маст? Йæ сæрмæ куыд схæсса цыфыддæр знагмæ уацары уæвын?... Дзырд дардыл у, фæлæ Лабаз йе ’мбæлттимæ цалдæр хат- ты алыгъд уацарæй. Æрцахстой-иу сæ, надтой сæ, фыдмитæ сын кодтой, стонгæй сæ мардтой, фарста сыл кодтой, фæлæ Райгуырæ.н бæстæ адджын у, æмæ йыл гадзрахатæй рацæуын тугтæригъæд у. — Нæ, фæлтау — мæлæт! Æз мад æмæ фыды рæвдыд ’рмæсг- дæр мæ Райгуырæн бæстæйæ зонын æмæ йын мæ риуыл — фæндаг, Кæд хъæуы, уæд æппæтмæ дæр цæттæ дæн, фæлæ гадзрахатæй рацæуын мæ сæрмæ никуы схæсдзынæн! — æры- мысыд мын Александр Павлов ирон æрдхорды ныхæстæ. - - Кæд знаджы нæмыгæй лæджыгъæдджынæй мард фæуон, уæд- иу мын мæ хабар мæ чысыл Ирыстонмæ фæхæццæ кæн, æндæр дæ ницы курын, — лæгъзтæгæнæгау мьтн дзырдга мæ уарзон командир. -: ■;■ * Фарон фæззæг æз уыдтæн туристон балцы. Мгпескуыйы ба- цыдтæн Павловы хæдзармæ, фæлæ уым нæ разыпд. Мæскуыйы А. Павловы «сæхимæ куынæ баййæфтон, у<вд æм æз арвыстон фыстæг, цæмæй мын лæмбынæгдæр фехъусын кодтаид, ацы ирон бæгъатыры хæстон хъуыддæгты тыххæй. Æмæ, мæнæ, нæ разы ис Павловы дзуапп. Уый нын фенын кодта ирон лæджы хъайтардзинад. Павлов фыссы, Джиоты Лабаз Белоруссийы ССР террито- рийыл советон партизанты рæнхъытæм куыд бахауд æмæ зна- джы ныхмæ тохы цы диссаджы сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уы- ’дæттæ. | ’ . 320
Лабазы уавæры бахаудта Павлов дæр. Уыдон, кæрæдзи- дыл сæмбæлдысты 1942 азы октябры мæйы. Сæ дыууæ дæр ^наджы фæсчъылдымæй хъуамæ фронты хаххыл рахызтаиккой, фæлæ уый сæ къухы куынæ бафтыд, уæд партизанон къорд сарæзтой æм-æ æнауæрдонæй тох кодтой знаджы фæсчъылдым. ...1943 азы 26 июль. Уыцы бон советон партизанон къорд- тæ массон æгъдауæй рацыдысты æфсæнвæндагон хахх спырх кæнынмæ. 1-æм августмæ бацæттæгонд æрцыд рельсытæ феха- лыны фæдыл дыккаг стыр операци. Уыцы ’хсæв 300 срæмыгъ- дЫ бæрц сарæзтой Чкаловы номыл партизанон къорды хæс- тонтæ Дж,иоты Лабазы разамьшд æмæ хайадистæй. Молодечнойы областы горæт Куренецы гитлеронтæ ногæй сæндидзын æмæ скусын кодтой хъæдфадæнзавод. Уым арæзтой æфсæнвæндагæн шпалтæ æмæ æндæр ахсджиаг арæзтадон æрмæджытæ. Дозаторы номыл партизанон бригадæйы командæкæнынад бардзырд радта, цæмæй немыцæгты хъыгдардтаиккой хъæд- цæгъдын æмæ ласьшы хъуыддаджы. Уый тыххæй фæдагур- джытæ хъуамæ бабæрæг кодтаиккой, кæд æмæ куыд ластой гитлеронтæ хъæдæрмæг, кæм цагътой хъæд, стæй хæстонтæ æмæ хæцæнгæрзтæй куыд ифтонг уыдысты, уый. Развæдгæнджытæ цы зонæнтæ æрæмбырд кодтой, уыдон бьшдурыл арæзт æрцыд хæстон операцийы лæмбынæг пълан. Уый сæххæст кæньшы хæс æрхаудта Свердлов æмæ Чкаловы номыл партизанон къордтæм. Разамынд сын кодта бригадæйы командир Иван Аквоентийы фырт Иванов. Фыццаг партизанон къорд æрæмбæхст тæккæ фæндаджы былыл. Лабазы разамындæй, Чкаловы номыл къорд та æрæм- бæхстис сæ бакомкоммæ, галиуырдæмдæр, хъæдгæрон. Немыцæгтæ райсомы æхсæз ’сахатыл рараст сты горæтæй æмæ æввахсæй-æввахсдæр кодтой сæ размæбадæг партизан- тæм. Бригадæйы командир бардзырд алæвæрдта: — Уæхи æрцæттæ кæнут! Æмæ куыддæр гитлеронты раззаг колоннæ æмбæхст пар- тизанты ’хсæнмæ бахæццæ, афтæ сæ æхсын райдыдтой фыццаг ■тартизанон къорды хæстонтæ. Гитлеронтæ æмæ пъолици сæм- -^æццæ сты, чи сæ чердæм лыгъдис, уый нал æмбæрстой. Не- Мыцæгтæй ма удæгас чи баззад, уыдон мард бæхты фæстæ" бамбæхстысты æмæ хъавгæйæ æхстой махонты. Знаджы фæс- таг бæхуæрдонæй пулемет æнæ рынцайгæйæ згъæлста йæ цæ- ^æр нæмгуытæ нæ партизанты ’рдæм. Гитлеронтæй ма сæ бон кæмæн уыд, уыдон быдырыл лыгъдысты хъæды ’рдæм, фæла^ сыл уым цъæх здыйы лæсæнæй сæмбæлд Джиоты Лабазы хъæбатыр къорд. Уæд иемыцаг фашисттæ æрхуыссыдысты æмæ уыдон дæр «чехсын райдыдтой. Ирон лæппу айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ фестад æмæ «Райгуырæн бæстæйы тыххæй!», зæгъгæ, бар- 21* 321
дзырд радта æмæ йæ хæогонтимæ сæхи ныццавтой немыцаг тыхæйисджытыл. Ныфсхаст æмæ арæхстджьш командир ба- хæццæ фæндагмæ æмæ йæ автоматæй рæстдзæвинæй карста’ фыдгул знæгты. йæ дыууæ фæрсты хæцгæ-хæнын бырстой йае’ хæстонтæ Акуленко, Кононенко, Кутер,ина, Мишин, Хилько æмæ æндæртæ. — РаЗхмæ, мæ цæргæстæ, размæ! — сидтис пæ бæгъатыр-" тæм сæ уарзон раздзог. Къæр-къæр кодта йæ автомат, æхста фæйнæрдæм. Иудзæвгар баразæй. Гитлеронтæ та æрхуыссы- дысты. Æмæ дын, цыдæр æнамондæн, ферхæцыд йæ хæцæн-* гарз Лабазæн. Фашисттæ уый куы ауыдтой, уæд фæгæпп код-1 той æмæ сæхи рауагътой командирмæ, сæ зæрды йæ уыд удæ- гасæй æрцахсын. Фæлæ сæ фæнд сæ хъуыры фæбадт. Джиойы фырт сæм йæ пмстолет фелвæста, дыууæ фашисты дзы дзыхъ- мард фæкодта. Цалдæр нæмыджы ма фехста, фæлæ йыл уæд-1 мæ гранатæ æрбахстой æмæ цæфæй æрхаудта. Джиоты Лабаз йæ фæстаг тыхтæ æрæмбырд кодта, чысыл йæхиуыл схæцыд æмæ ма бардзырдтæ лæвæрдта: — Размæ! Ныфсджындæрæй, мæ цæргæстæ! Райгуырæн* бæстæйы тыххæй!—æмæ ма йæхæдæг дæр æхста йæ пистоле^ тæй фæстаг нæмыджы онг. Стæй йæм балыгъдысты партизан-* тæ æмæ йæ рахастой тохы быдырæй. — Уый амардис мæ цæнгтыл... Сабырæй мын дзырдта,— мæ хæстæджыты-иу мын ссар æмæ сын фехъусын кæ(н... Командир мард фæцис... Æрвнæрæгау, айхъуыст уыцы æвирхъау хабар партизантыл. Сæ уарзон командиры маст ис-: гæйæ, уыцы карз тохы бындзагъд ныккодтой гитлеронты. Æмæ цалынмæ Куренецы ’рдыгæй немыцаг танкæтæ нæ ньшнæры-' дысты, уæдмæ уыцы æрдхæрæны мæлæтдзаг тох фæцис, баны- мæг — тохы быдыры баззадис 80 фашисты мардæй фылдæр. Æппæт хотыхтæ æмæ хæцæн æрмæджытæ партизантæ æруыгъ- той æмæ сæ ахастой сæ лагермæ. Дыккаг бон, 1944 азы 4-æм июны, Лескийы хъæуы, горæт Куренецæй 10 километры æддæдæр, партизантæ цытджын æгъ- дауæй бавæрдтой сæ уарзон командиры. Хæсты фæстæ Джиоты Лабаз æмæ иннæ фæмардуæвæг партизанты сæ хæрзиуæгæй райгонд адæм уыцы хъæуæй ра- хастой æмæ сæ бавæрдтой горæт Куренецы æфсымæрон уæл- мæрды. Æдзард, зынгхуыстыты уæлмæрдыл æвæрд цыртыл бы-* нæттон скъоладзаутæ ныффыстой бæгъатыр партизанты нæмт- тæ æмæ мыггæгтæ, æрвылхатт æй фæлындзынц, уыдон сæ туг æнæвгъауæй кæуыл ныккалдтой, уыцы белоруосаг зæххыл æр- зайгæ алыгъуызон дидинджытæй... I 322
Плиты Илья МЫГГАГМÆ МЫСИНАГ ФÆЛГОНДЗ Æрвылрайсом дæр Цхинвалы горæты Ленины уæрæх уын- джы йæ куыстмæ фæцæйцæуы лæдзæджимæ, йæ бæзджын сæры хъуынтæ æнафоны кæмæн сурс сты, фæлæ иунæг уысм дæр йæ мидбылхудт кæмæн нæ сæфы, ахæм рæсугъд æмæ хæрзконд лæг. Къах ын «æй, къуылых у, æмæ лæдзæджимæ уымæн цæуы. Сындæггай исы йæ къæхтæ... авджы хуызæн лæгъз фæндагыл а>мæ уæлæ Ирыстоны цъитиджыи урссæр хæхтæм сæрысты- рæй фæкæсы. Адæм ыл æмбæлынц, салам ын дæдтынц: дæ райсом хорз, зæгьгæ. Чи йын йæ сæрæй акувы, чи йын иæ къух райсы, чи та йемæ баиу вæййы æмæ афтæмæй ныхасгæн- гæ фæцæуынц «сæ куыстмæ. Æмæ уæдæ адæм кад кæмæн кæнынц, йæ фенд æхсызгон кæмæн вæййы, йæ мидбылхудт — æхцон, йæ дзыхы дзырд — здджын, уыцы лæг чи у, кæмæй у, кæм басгуыхти, афтæ зæр- Дийæ йыл цæмæн сты усæй, лæгæй, сывæллонæй? Ау, æмæ уый чи «æ зоны нæ горæты цæрджытæй, ахæм Цыма уыдзæнис? Кæд уа, уæддæр стæмтæ. Æмæ йæ кæд ды нæ зоныс, уæд базонгæ уæм йемæ: Уый нæхи Жора V, нæхи! Джиоты Уасилы фырт Георгий. Райгуырди 1911 азы Цхинва- ЛЬ1 районы Къостайы хъæуы. Райдиан скъолайы сæхи хъæуы ахуыр кодта. Уый фæстæ ахуыркæнынмæ бацыди Ихинвалы ^орæты педтехникуммæ æмæйæкаст фæци 1931 азы. 1933 азæй *935 азмæ «службæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты. Ахуыр 323
кодта командиртæцæттæгæнæи курсыты æмæ йæ Фыдыбæстаз- йон хæст дæр уым æрыййæфта. 20-æм хæххон æхсæг дивизийы рæнхъыты службæ кæлгæ- йæ, хайад иста Кубаны тыгъдбыдырты немыцаг фашистты ныхмæ карз тохты. Стыр у Джиойы фырты тохы фæндаг, бирæ лæгдзинæдтао равдыста хæсты быдыры, командæкæнынад-иу тæссаг бьшæг- тæм Джиоты Георгийы æрвыста йæ хæстон взводимæ. Иу хатт, советон хæстонты къордыл немыцæгтæ æрхъула кодтой. Уæззау уавæры бахаудтой, аирвæзæн сын нал уыдис. Джиоты Георг.ий дæр уыдис уыдонимæ. Æхсарджын афицер нæ фæтарстис, йæхи цæвнттонæй хæстонты разæнгард кодта æмæ дзырдта: — Æмбæлттæ, фидар куы фæлæууæм, уæд знаджы æрхъу- ла атондзыстæм. Æмæ фидар фæлæууыдысты советон хæстонтæ. Немыцæг- тæ нымæцæй бирæ фылдæр уыдысты, цалдæр хатты атакæйы- рацыдысты, сæ фæнд уыдис советон хæстонты къорды быитон- дæр скуынæг кæнын. Немьщæгтæм уацары бахауыны бæсты пæ мæлæт хуыз: дæр уæд, зæгъгæ, загътой советон хæстонтæ æмæ атакæйы ацыдысты. Уыди дзы мæрдтæ æмæ цæфтæ дæр. Хъазуат хæс- ты комавдир йæхæдæг дæр фæмардис. Командиры бæсты ко- мандакæнын Дж>иойы фырт йæхимæ райста, æмæ хæстонты бафæдзæхста, цæмæй нæмгуытыл ауæрдой, дзæгъæл æхст ма кæной. Афтæмæй хæст ахаста райсомæй изæрмæ. Æхсæвы, æхст куы ’рсабыри, уæд Джиойы фырт хæстонтыл азылди æмæ сыи бамбарын .кодта: — Æмбæлттæ, тыхджын æрхъулайы стæм, æмæ райсоммæ ам куы баззайæм, уæд нæ иу дæр удæгасæй нал аирвæздзæнис, Гъе, уымæ гæсгæ, цы гæнæн ис, уымæй, тагъддæр æрбамбырд ут, æвиппайды нæхи ныццæвæм немыцæгтыл æмæ æрхъула атонæм. Командиры бардзырд сæххæст кодтой хæстонтæ: чысыл фæстæдæр, сæ разæй Джиойы фырт, афтæмæй размæ абырс-; той, немыцæгтыл сæхи ныццавтой æмæ æрхъула атыдтой. Бирæ сгуыхтдзинæдтæ равдыста Джиоты Георлий хæсты фронтты. Командæкæнынадæн зындгонд уыди, ныфсхаст æмæ. уæндон кæй у, уый, æмæ-иу æй уымæ гæсгæ бирæ хæттыты ар- быстой зиаджы фæсчъылдыммæ ахсджиаг зонæнтæ æрхæссын- мæ. Æмæ-иу уый дæр кæддæриддæр намысджынæй сæххæст- кодта йæ хæстон хæс. Иухатт, знаджы фæсчъылдымæй фæстæмæ здæхгæйæ,( фембæлдис немыцаг автоматчиктыл/ бирæ уыдысты, фæлæ сæ, нæ фæтарстис, сæ ныхмæ æрлæууыдис æмæ дзы цалдæры фæ-1. .куырис кодта, иннæтæ лидзынмæ фесты, йæхæдæг сæрæгасæй^ æрбаздæхтис йе штабмæ. 324
Джиойы фырт йæхи цæстæй федта, немыцæгтæ махæй æСтæгмæ цы зæххытæ байстой, уым советон æмбæстæгты уд- харæй куыд мардтой, уый, æмæ уымæ гæсгæ стыр фыдæхы цæстæй касти глтлерон абырджытæм. — Нæ хоты æмæ не ’фсымæрты маст хъуамæ райсæм уыцы цъаммæрттæй. Сæ лæгæт — Берлин хъуамæ дæрæн æрцæуа, — афтае-.иу дзырдта Джиойы фырт хæстонты раз. Фæлæ йын Берлины онг цæуын нæ бантысти. Кубаны тыгъд быдырты тугкалæн хæстытæ куы уыдис, уæд иу бон разведкæйæ æрбацæйыздæхтис æмæ иуран минæйыл фæлæу- уыдис. Минæ фехæлд æмæ хъæбатыр афицерæн йæ кт-ах фæ- хаста... Джиойы фырт æнæхъæн бон æмæ æхсæв иунæгæй баззад, уый фазстæ йæ йе ’мбæлттæ ссардтой æмæ йæ госпиталма> аластой. Фыдыбæстæйон хæсты фронтты немыцаг фашистты ных- мæ тохы æхсар æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тых- хæй лейтенант Джиоты Георгий хорзæхджын æрцыд «Сырх Стъалыйы» орденæй, Кавказ бахъахъхъæньшы æмæ Германыл фæуæлахизы майдантæй. Джиойы фырт уæззау цæфы фæстæ цасдæр рæстæг госли- талы фæхуыссыди æмæ стæй уæд, 1943 азы, æрыздæхтис йæ райгуырæм Ирыстонмæ. Куыста партийы Хуссар Ирысюны об- комы кадрты секторы гæсæй, стæй та областон паддзахадон инспекцийы базарады хаххыл. Ныртæккæ та кусы базарады Управленийы коитролон ревизорæй. Джиойы фырт цы тохы фæндагыл рацыдис, уый хъæздыг у хæстон эпизодтæй. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста хъæбатыр \'æстО'Н. Æйдтмардзæ лæппуйæ ацыдис фромтмæ — цъаммар фашистты ныхмæ тохмæ æмæ фæстæмæ сахъатджынæй æрыз- дæхтис. Иæ къах ныууагъта хæсты быдыры, фæлæ фæстæмæ иунæг къахдзæф дæр никуьт алæууыд. Уый удуæлдай тох кодта цыфыддæр знæгты ныхмæ, н*еп- пæты амæндты тыххæй, нæ рухс фидæны тыххæй, цæмæй зæх- хыл мауал уа хæст, цæмæй сабыр цард кæной адæм, комму- низм аразæг адæм.
Хъуылаты Чермен ÆМÆ УÆЛАХИЗÆЙ ÆРЫЗДÆХТ Бынтон хуымæтæг æмæ хæларзæрдæ, хистæртæн — лæг- гадгæнæг, кæстæртæн — зондамонæг. Фæлмаст, æууæпкæвди- сæг цæстæнгас, йæ дзыхы сныхас — уæздан æмæ сабыр. Фыц- цаг хатт æм чн .бакæеа, уый, æнæмæнг, ахъуыды кæндзæн: «Ацы лæг райгуырдис æдмæстдæр сабыр дарды «нысантæн, «йæ цæрæн; бонты, æвæццæгæн, топпы гæрах хъусгæ дæр никуы фæкодта»...' О, цыма æрмæстдæр сабыр царды нысанæн райгуырдис, афтæ зыны æдде бакæсгæйæ Джыккайты Хъазыбег. Фæлæ йæ æфсæддюн документтæ æмæ хорзæхтæ та бынтон æндæр хъуыд- дæгтыл, хæстоны даргъæмæ гуыргъахъхъ фæндагыл дзурæгсты. Советсн Хæстон тыхты Сæйраг Командæгæнæджы æхсæз арфæ- йы—горæттæ Радом, Гнезно, Лодзь, Кутно, Гостынин æмаз Ленчицæ байсыны тыххæй, Варшавæйы хуосарварс знаджы хъахъхъæнынад батоныны тыххæй, фашисттæ æнæбасæтгæ фи- дар кæй хуыдтой, уыцы Брандербурджы «кулдуар» батоныны тыххæй... Советон цыппар майданы уыдонимæ «Варшавæ ссæ- рибар кæныны тыххæй» æмæ «Берлин байсыны тыххæй», поль- шæйаг майдан «Хæсты быдыры фесгуыхæгæн», Александр Нев- скийы орден, «Сырх Тырысайы» æмæ «Фыдыбæстæйы хæсты» фыццаг къæпхæны ордентæ... Æндæр, бынтоадæр æндæр хъуыддæгтыл Дзурæг сты æвдн- сæндар гæххæттытæ æмæ паддзахадон хæрзиуджытæ: сæ хи- цауы ныв кæньгнц хъæбатыр хæстон æмæ арæхстджын команди- ’рæй. Искуы хæсты арты бахаудзæн, уый та хъа>дгæройнаг æры- 326
гон лæтпуйæ.н гёæ фæсонæрхæджы дæр !нæ уыд. йæ ныййарджы- тау, уый дæр йæ сомбоны хъысмæт баста зæххы куыстимæ. Иæ оæсугъддæр бæллиц уыдис агроном суæвын, райгуырæн хъæуы колхозæ’Н хъæздыг тыллæгыл тюхы стыр æххуысты бацæуын. фæлæ ахуыры фæндагыл æнæкъуылымгсыйæ ацæуын йæ къухы нæ бафтыд. Хъазыбег 8-æм кълас нæма фæцис, уæдмæ йæ фыд ревщюи бьштондæр базæронд, 100 азæй йыл фылдæр цыд> йæ бон кусьш нал уыд. Æмæ Хъазыбеджы бар-æнæбары, бахъуы- дис йæ ахуыр ныууадзын, æвддæсаздзыд лæшгуйы уæхсчытыл æгъатырæй æрынцад Царды уæз, райдыдта кусын колхозы. Уæдмæ йæ афон æрхæццæ æ/мæ йæм фæсидтысты СырхÆф" сады рæнхъытæм. Каст фæцис кæстæр командирты скъола. Ар- хайдта Ныгуылæн Белорусси ссæрибар кæлыныл æмæ Финляп- диимæ хæсты. Фыдыбæстæйы Стыр хæст æй æрæййæфта нæ бæстæйы румынаг арæныл, артиллерион дивизионы старшинæйы бынаты. 1500 боны бæрц ахаста нæ бæстæйæн уыцы цыфыддæр хæст’ æмæ дзы Хъазыбег баулæфыд (уый дæр цæй улæфт) æрмæсг- дæр уьщы 90 бо*ш. Иннæ рæстæг иууылдæр арвыста хæстоп ты раззаг рæнхъыты. Хæст райдыдта сержанты ч<ины, фæцис æй капитанæй, хæцгæ фæцыдис Мæскуыйæ Берлинмæ, ахызт цал- дæр 1ладдза)хады сæрты æмæ диосаг: иу цæф, иу цъæррæмыхст дæр микуы фæцис! Хæсты ахæм даргъ фæндагыл диссаджы цаутæй фылдæр цы \ыдис. Фæлæ дзы Хъазыбеджы зæрдыл арæхдæр æрлæууынц æртæ цауы, растдæр зæгъгæйæ та — йæ орденты историтæ. Æмæ цыбырæй зæгъдзыстæм уыдон тыххæй. ,..Йæ уæлахизы размæбырст æнтыстджынæй дарддæр кæн- гæйæ æмæ знагæн стыр зиæнттæ хæсгæйæ, Советон Æфсад ба- * хæццæ дæугæдон Бугмæ — нæ Райгуырæн бæстæйы раздæры паддзахадо’н арæнмæ. Булкъон Ивановы талкты ныхмæ тохгæ- нæг артиллерион 1полк уыдис 1-æм Белоруссаг фронты командæ гæнæджы резервы. Уыцы полчы службæ кодта хистæр лейтенанг- дивизионы командир Джыгкайы фырт дæр. Командæкæлына- ды бардзырдмæ гæсгæ энаджы фæсчъылдыммæ дæрæн кæнын- мææмæ йын фæстæмæ цæуынæн йæ фæндæгтæ æрæхгæ’нынмæ æрвыст цыдис инæлар Плиты Иссæйы бæхджын æфсады корпус. Æмæ артиллерион полк дæр рæстæгмæ ламвæрд æрцыдис ирои номдзыд ииæлары бæриы, уыцы тæссаг æмæ вазыгджьгн хæстан операцийы бæхджын корпусæн бакхуыс кæнынæн. Хъазыбегма ныр дæр æрæмысы: — Уазал æмæ мæйдар æхсæв. Цæсты къух фæтъысс æмæ йæ яæфедтаис. Сæлфьшæг кодта. Мах уæдмæ базонгæ стæм кор- нусы хæстантимæ. Æмæ дзы кæд инæлары фæедонæн бæлвыр- Дæй ’ничи ницыма зыдта, уæддæр бæхджынтæ сусу-бусу кодтой: «Æнæмæнг ахсæв уыдзæн нæ балц. Нæ инæлар ахæм æхсæвтæ 327
уарзы: ыемыцæгтæ æргъæфсынмæ куыд фæввæйынц, афтæ уый’ та сæ фæсчъылдым февзæры, хæлиудзыхтæй сæ фæуадзы». ч Æмæ, æцæгæйдæр, рæстæг æмбисæхсæвæй ахызтаид, аф- тæ нæ æнæ хъæр-æнæ къæрццæй фестын шдтой. Абырсынæввонг дæр æнæ уæлдай хъæлæба слæууыдыстæм — алчи дæр йæ бына- ты. Абырсæн та ашæхъæлæбайæ нæ уыд — бæхты сæфтджытьг хъæр æмæ сармадзантæласæг машинæты моторты уынæрæи цæй бамбæ.хсæн и.с? Æмæ хъусæй-хъусмæ ацыд инæлары бар- дзырд: «Раст 2 сахаты æмæ 30 минутыл, ’куыд гæиæн (ИС, афтæ цыппæрвадыгæй — размæ. Цальшмæ ,мæнæй сæрмагонд амынд- дзинад уа, уæдмæ иу дивизи, иу лопк, иу баталонæн дæр зна- джы пых’мæ хæсгы бацæуыны бар иæй». • Æмæ фенкъуыстыстæм. Энаг хуыссæпхъæлдзæгæ.й цальгамæ; уавæр бамбæрста, уæдмæ мах <йæ фæсчъылдым февзæрдыстæм. Æ’нæсæрфат гæрæхтæ ма бæргæ кодта, фæлæ нын мур зиандæр не ’рхаста. Уый хыгъд куы ’рбабон, уæд рауадис карз хæст. Скæсæпы ’рдыгæй фатшстсы æлхъывтой фронты фистæг æфсад, артиллери æмæ танктæ, ныгуылæны ',рдыгæй—мах. Немьщæг- тæ бямбæрстой, æрхъулайы кæй бахаудтой, уый, æмæ сæбы- цъынæг скъуыдтой иыгуылæны ’рдæм, мах цæг атонынмæ. Р1æ танктæ махырдæм лæсыдысты æмæ лæсыдысты, сармадзантæ æмæ нæмыгзгъалæнтæй саахицæн фæндаг сыгъдæг кæнгæйæ. Та>нчы ныхмæ та барæджы бон ’иицы у. Æмæ уыцы ’мæлæтхæс- сæг тыхы ,ныхмæ фидарæй æрлæууыд мах пол,к. Æз мæтацæн командæгæнæн пункгг æрцахстон мæ батаре^йы фыццæгæм взводы- Хæст афтæ карз æмæ æнауæрдон уыдис, æмæ ма сцхор- афонмæ уьщы взводы удæгасæй баззадыстæм æз æмæ сарма- дзаиы 1командир, тæтæйраг хъæбатыр лæппу сержант Федоо Саранулов. Уæддæр рæстæгæй иу минутæн дæр дзæгъæлы са- фæн нæ уыдис. Мæлæты размæ куыд вæййы, афтæ Федоримæ кæрæдаийæн ныхъхъæбыс кодтам æмæ æрлæууыдыстæм, махыр- дæм чи бырста, знаджы уыцы авд танкы ныхмæ. Федор ифтын- дзгæ кодта, æз — æхсгæ. Æр’мæстдæр цалдæр ми’нуты ахаста >ыцы æвирхъау «фембæлд». Фашистты танктæй цыппар ссыгъ- дис, иниæтæ фæстæмæ фæзылдысты... --Хæст ахицæн мак 1пайдайæ<н, — дарддæр зæгъы Джык- кайы фырт. — Фронты уыцы хайы иунæг гитлерюн дæр нал аирвæзт: чи дзы цагъды фæцис, шшæтæ та уащары бахаудтой- Никуы мæ ферох уыдзæ>н, фæсхæст Плиты Иссæ нæ хюлчы командирæн куыд хъæбыстæ кодта, уый. Уыцы хъæбатырдзи- нады тыххæй мæнæн радтой «Сырх Тырысайы» орден. ...Фашистон лæгсырдты лæгæт. Дрездены (цур карз хæсты- тæ. Уыцы хъуыддаджы сæрашюнд нывондæн стыр зиа<нтæ æр- хæсгæйæ, гитлеронты къухы бафтыдис булкъон Ивановы пол- чы .размæцыд рæсгæгмæ бауромын. Знаджы раззаг фидæрттæ 328
сармадзаитæй дæрæнгонд куынæ ’рцыцаиккой. уæд сæм нæ фис- тæг æфсадæн бабырсæн нæ уыд. Дыууæрдыгæй дæр бонизæрмæ сармадзаны нæмгуытæ их- уарæгау кодтой, фæлæ махонтæ ;иу къахдзæф дæр фæстæмæ нæ алæууыдысты, иу къахдзæф фæстæмæ нæ алæууыдысты немы- цæттæ дæр. Изæрырдæм полчы комаидир бардзырд радта: — Размæ! Цыфæ’нды цæлхдурты сæрты дæр — размæ! Капитан Джыккайы фыртæн та бахæс кодта йæ батареима> уьгм баззайьш, æхст фæтынгдæр кæньгн — æнæхъæнæй дæр нырма ам стæм, зæгъгæ, знаджы ууыл баууæндын (кæныны тых~ хæй. Ома, иæхионты сæрты батарей знаджы фндæрттæ куыд дæрæ-и кодтаид æмæ -иннæ батарейтæн хуыздæр ранмæ а.ивьшы фадат куыд радтаид, афтæ. Æхсæв йæ сау пæлæз зæххыл куы æрæямбæрзта, уæд ма раз- да?ры бьгнаты баззадыстыæрмæст Джыккайы фыртысармадзан- тæ æмæ хæстонтæ. Фæдзæхст сьш куыд уыд, афтæ се ’хст фæды- вæр кодтой. Æмæ> фæстæдæр куыд рабæрæг, -афтæмæй нæмгуы- тæй æрмæстдæр .искуы иу нæ сæмбæлд ’мысаныл. Фæлæ уый хыгъд бынтондæр сæхимæ раздæхтой знаджы «зынг». Карз хæст гхаега далдæр сахаты. Бирæ уды зиаптæ баййæфта батарей. Фæлæ кадимæ сæххæст кодта йæ хæслæвæрд. Æнæнхъæлæджы йæ ’полчы иннæ батарейтæ æндæрырдыгæй куы ’ныццавтой, уæд знаг йæ сæр йæ ’кой акодта æмæ «Ггæ фæстæ æхсæвы тарьг айхъуыстис мах ф:истæг æфсады домбай «ура!». Хъазыбеджы риуæй сæрттывта Александр Невскийы орден. Æмæ, æппьшфæстаг, фашистон лæгсырдты фæстаг фæлтæ- рæнтæ, Одеры былгæрæттæ. Не ’фсæдтæ сæхи æрцæттæ кодтой, дьиккаг дунеон хæсты хъылма кæцæй рацыд, уыцы >горæтмæ,фа- шистон столицæ Берл.инмæ тыхджын æмæ фæстаг ныббырстмæ. Знаджы раззаг фидæрттæ дæрæнповд куы ’рцыдысты, уæдфрок- ты командæгæнæг бардзырд радта танкты иу батальон æмæ ар~ тиллерион <иу див’изионы æ!нæ æруромгæйæ лтоджыдæр размæ ауадзыны тыххæй. Уыдонæ-нхæсгонд уыдис з’наджы ныхмæ хæс- ты «æ бацæуын, бабырсæн бынæттæ обæрæг æмæ сæ радайæ нæхионтæн фехъусьш кæнын. З’наджы столицæмæ æппæты раз- Даер бабырсыны кад артиллеристтæй æрхаудта майор Подасов- скийы дивизионмæ, Джыккайы фырты батарей дæр уьш, афтæ- мæй. \ Горæты кæрюн »нæ танкисттæ æмæ артиллеристтæ иулагеры ссæрибар кодтой 2000 советон уацайраджы бæрц. Сæхиуыл дæр бирæ зиа’нтæ æрцыд — уæле сæ хæдзæртты рудзгуытæй æхстой немыцæгтæ. Фæлæ уæдмæ бацахстой æнæхъæн квартал, йæ кæ- рæтты йьщ сæвæрдтой танктæ, сар’мадзантæ батылдтой пъад- валтæм æмæ уырдыгæй ныккалдтой знаджы ахстæттыл. Хæдзæ- ртты пиллон скалд... 320
Хъæбатыр хæстонтæ афтæ фидар æрлæууыдысты, æмæ Бер- лины гарнизоны салдæтты далдæр æрбабырстæй н:ицы рауад. Иудзырдæй, баталыш æмæ дивизионы хæстонтæ кадимæ сæххæст кодтой сæ бæрнон хæс. Сæхæдæг цы федтой, уый æмæ уацайрæгты раныхæсты бындурыл командæкæнынадæн иттæг ахсджиаг бæрæггæлæнтæ радтой Берлинмæ бабырсæнты тых- хæй, нæхионты сæйраг тыхты æрбахæццæ уæвынмæ æнæхъæи суткæ не суагътой горæты кæройнаг уьшг æмæ, сæйрагдæр та, знаджы столицæйы сæвзæрьвд кодтой фæдис: «Уырыосæгтæ — Берлины!..» Хъазыбеджы риуæй сæрттывта «Фыдыбæстæйы хæсты» фьщцаг къæпхæны орден. ...Тохмæ фæцыдис зæхкусæджы фырт æмæ дзы æрыздæхтис уæлахизæй. Æнафоны дзы халасцагъдæй æрхаста йæ къæм- исæнтæ. — Мах цы бавзæрстам, уый макуыуал ба’взарæд нæ ног фæлтæр! — фæзæгъы Хъазыбег.
Наниты Асиат ЦАРДЫ СÆРАППОНД Æрвылрайсом дæр горæт Цхинвалы Чъавчъавадзейы уыи- джы 23-æм хæдзары кæртæй рахизы фидæрттæконд, фæлмæл æнгас лæг, йæ сахатмæ æркæсы æмæ атындзы йæ куыстмæ. Йæ тындзгæ цыдæй бæрæг вæййы, алы минут дæр ын зынаргъ кæй у. у Уый у Дзабиты Савели. Райгуырди Дзауы районы Мугу- ты хъæуы, зæхкусæг Падойы хæдзары. йæ ны|ййарджытæ,н — дæсæм ’хъæбул!.. ’ Зьш уыд <мæгуыр лæгæн утæппæт сывæллæттæ фæдарын æмæ-иу сывæллæттæй цумахъом чи фæцис, уьш та-иу Падо æххуырсты радта. Гъе, фæлæ, да*м, бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Октя- бры революцийы кур «ыррухс кодта Ирыстоны талынг къуым- ты. Йæ сыгъзæрин тьштæй-иу бакастис Падойы хæдзары ру- Дзынгæй, бакаста сын цардамонд, зæрдæ-йы цин. Савели уыцы рухсмæ йæ фæндаг æрцагуырдта. 1935 азы каст фæцис Цхинвалы педтехвджум. Дыууæ азы акуыста Цъу- нары астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй. Уый фæстæ службæ- кæнынмæ ацйд Сырх Æфсады рæихъытæм. Æнтысгæ-йæ каст фæци ’полчы скъола, æфсæддон-политикон ахуыргæнæндон æмæ Фрунзейы номыл æфсæддон академи. Æмæ рæнхъон’сал- Датæм сырæзт булкъоны уонг, куыста мотоæхсæг дивизийы 331
штабы .хистæрæй. Иæ æвзыгъддзинад, Райгуырæн бæстæм й«р уарзондзинад иууыл тынгдæр та фæбæрæг сты Стыр Фыды- бæстæйон хæсты. ...1944 аз. Ачагусты мæй. Яссæ — Кишиневы операци. Со- ветон Æфсады æ>нтысгæ архайды фæстиуæгæн знаг бахаудис æрхъулайы. Æхсæвæй-бонæй æмбу кодтой сармадзантæ, су- дзаг нæмгуытæ згъæлдысты ихуарæгау. Дзабийы фырт цы ди- визийы архайдта, уый знаджы позицитæм арф куы бафсæрста, уæд райста бардзырд, цæмæй фронт фездæхтæуыдаид хуссары рдæм æмæ фæдихтæ кодтаид знаджы хæйтты, кæцытæ æ.хс- той цæрæн пунхт Гуг-Галбанæн цæгат æмæ цæгат-скæсæн æрдыгæй. 25 августы изæрмæ уьщы ахсджиаг хæс æххæстгонд æр- цыд аштыстджьшæй. Æхсæвы ныхмæлæууæджы 30-æм армийы корпус сфæнд кодта, цæмæй цыфæнды амалæй дæр ныгуылæ- ны ’рдыгæй æрбабырстаиккой нæ див,изимæ. Уыдон уыдысты махуæттæй æртæ хатты фылдæр. Бацайдагъ ахъазза,г тох Ал- бинæ æмæ Бозмены цæрæн пункты районты, Дивизийы оперативо« хайы хистæры хæдивæг , уæвгæйæ, Савелийæн .хæсгонд уыд, цæмæй полчытæм æвæстиатæй хæц- цæ ’кодтаид дивш’ийы командиры амындтæ. Фæлæ телефшон бастдзинад бынто’ндæр фехæлдис æмæ уый тæссаг уавæры æвæрдта ’не ’фсады. Иудзырдæй, уавæр вазыгджынæй-вазыг- джындæр ’кодта... Дивизийы штаб кæм уыд, уырдæм бардзгай лæбурдтой немыцаг тыхæйисджытæ. Йæхæдæг цалдæр хатты бащыд æрмхæсты. Иуы дзы йæ разæй куыд ахаста, афтæ йæм фæстæты æрбауадысты дыууæйæ. Фæлæ Савели нæ фæтыхст. Кæд йæ »нæмгуытæ фесты, уæддæр дзы пистолеты хъæдæй иу- æн йæ сæр фæцæф кодта æмæ зæшыл йæ тъæпп фæцыд. Дык- каг бæрзо-нддæр æмæ тыхджындæр разынд не ’мзæххонæй æмæ* йын йæ хъуыр ацахста. Дзабийы фырт та уымæн дæр йæ сæр пистолеты ^хъæдæй ныххафта. Фæлæ знаг уæддæр нæ уагъта йæ сырдон митæ... Уалынмæ нæшуæттæ фондзæй æрбазгъорд- той æмæ Савелийæн баххуыс кодтой. Дыккаг бон куыд базыдта, афтæмæй уыцы фондзæй иу разындис сæ полчытæй иу штабы хистæры æххуысгæнæг, хис- тæр лейтенант, не ’мзæххон Тедеты Виктор... 1945 аз. 31 январь. Германы зæхх. Æхсæвы цæугæдон Оде- рыл ахизыны тыххæй Савели бакуыста пълан. Доны сæр æм- бæрзт уыдис ихæй. Куыд æй рафæлгъуыдтой, афтæмæй йыл гæнæя уыд фистæг .æфсад æмæ рог артиллери ахизын кæны- нæн. Куы ’рталынг, уæд Савели ацыд размæ æмæ сбæлвырд кодта, кæуылты хъуамæ ахызтаиккой, уьщы бынæттæ. Савели доны æмбисмæ дæр нæма бахæццæ, афтæ йым йæ хъусдард йæхимæ аздæхта, рахизфарсырдыгæй цы тох сцы- рый, уый. 332
Афтæмæй аирвæзтис, уæззау артиллерийы нæмыг’æй их цæрдхуынкъ кæм ,фæци, уыцы ран. Райдыдта дæлдон кæнын. Къухтæ ма бæргæ нындæгъдысты ихы фæзгъæртыл, фæлæ... Буар лууылдæр ихджын доны аныгъуылд... Цыдæр амæлттæй ма йæ фервæзын кодтой дыууæ уырыссаг чызджы радисткæ- Таз. йæ дзаумæтгæ .йыл ньшихысты. Афтæмæй та ^хъуыдис æвæстиатæй архайын, æфсады хæйттæн сæ хæстæ æмбарыл кæН’ЫН... Фæлæ та ам дæр «е '’мзæххон равдыста егъау хæстон иæттæдзинад. Æхсæвы тыхст уавæрты æнæмсæр тохты ахыз- тысты Одерыл, 3 километры бæрц бафсæрстой знаджы хъахъ- хъаунæи бынæттæм æмæ дзы бацахстой фидар плавдарм дарц- дæры карздæр æмæ ахсджиагдæр размæбырстытæн. Уыщы æвæджиаг хабар куы фехъуыста дивизийы коман- дир, уæд фырцинæй йæ цæосыгтæ дæр акалдта. Уыцы сæрæн архайдтыты тыххæй фронтыл командæгæнæг Советон Цæдисы Маршал Жуков иттæг бузныджы иыхæстæ загъта Савели æмæ ье ’мтохгæнджытæн... Уыодæн æмæ уыцы плацдарм ахъаззаг æххуыс уыд иууыл сæйрагдæр абырст сорганизаци кæнынæн — Берл!и«н сисынæн. Знаджы йæхи лæгæты скуынæг кæнып уыди алы советон лæстоны бæллиц дæр. Савели Берлины сисыны дæр райста ак- тивон хайад. Номхуындæй та разамынд лæвæрдта горæты уынгты хæстон операцитæн. Егъау горæт исын хъуыд штур- мæй. Хæстон архайдтытæ ам хицæн кæньшц быдырон тохты архайдтытæй. Алы квартал, алы хæдзар, алы уæладзыг æмæ хатæны дæр исын хъуыд штурмæй. Тохтæ уыдысты иттæг карз, алгъуызон; алы къуымæй дæр лæгмæ кастис мæлæт. Уьщы æнæкæрои зын уавæрты Савели архайдта рæвдз а»мæ зондджынæй. Куы иу лолчы архайды æвæрдта фæтк, куы мннæйы; доклад кодта дивизийы коодандиртæн тохы фæс- тиуджыты тыххæй. Иу бон та уьшджы куыд фæцæйцыдысты, афтæ сыл немы- даг хæдтæхджытæ нызгъæлстой пулеметтæй. Савели ныггæпп кодта иу уæрмгонды. Автоматджьгнтæ дæр сæхи бааууон тсод- той. Уалынмæ йæ алывæрсты цалдæр боодбæ фехæлд. Сыджыт, луртæ, агуыритæ спырх кодтой æмæ Савели сæ быны фæцис, фæцæфтæ, фæуадзыг... Фæлæ та ныфсджын командир фæстæ- мæ ащыд йæ полкмæ. Знаджы дæрæн кæныны сæр æй бирæ рæстæджы нал бахъуыд — æртыккаг бон тохтæ фесты Берли- "ы тæ^ккæ центры. Знаг йæ гæрзтæ æрæвæрдта. Салдаты бæл- •ти1Ц сæххæст. Рейхстаджы сæрмæ сфæйлыдта Уæлахизы ты- рыса. Уæлахизы бон 9 майыл Савели дæр сæмбæлд æгæрон Цши’мæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæндæгтыл хъæддыхæй кæй фæцыд, фашистон лæгсырдтыл арты зæйтæ кæй уагъта, æну- зыд патриотæй йæхи кæй равдыста, уый тыххæй Савели хор- 333
зæхджын æрцыд «Сырх Тырысайы» орден, «Фыдыбæстæйон х&е- ты» фыццаг къæихæны орден, «Сырх стъалыйы» дыууæ ордечы æмæ фараст медалæй. Дæс хатты та йе ’взыгъддзинады тыххæй бузныджы ныхæстæ райста Сæйраг хистæркомандæкæнына- дæй... Хæст фæцис... Алч,и здæхтис йе ’нхъæлцау, зæрдæрыст би* нонтæм. Фæлæ ма Савели æфсады фæцис 1961 азы онг. Уæд, йе ’нæниздзинад рæслмæ кæй нал уыд, уымæ огæсгæ йæ ба- хъуыд пенсийы ацæуьгны сæр. Гъе, фæлæ оставкæйы булкъон уæддæр йæ «гæрзтæ» не рывæрдта — ныртæккæ дæр цæсгомджын куыст кæны нæ об- ласты æмбæстагон хъахъхъæнынады штабы хистæры хæдивæ- гæй.
Алборишвили Амиран ХЪАЙТАРЫ ФÆЛГОНДЗ Ленинград... Вагæттæ ма кæрæдзи иу æсхуыст акодтой æмæ поезд æр- лæууыд. Цалдæр минуты фæстæ нæ машинæ бахæццæ, цæуын нæ кæдæм хъуыд, уыцы агъуысты размæ. Тынг зæрдæхæларæй мыл фембæлдысты фæскомцæдисы Ленинграды обкомы кус- джытæ. РадзьЛрдтон сын, мæ балцы сæр цæй фæдыл у, уый, æмæ уæд сæхæдæг райдыдтой тыхсын. Фæлæ уыцы бон ницы уал сарæзтам, нæ рæстæг арвыстам горæты. Марты фыццаг бонтæ. Улæфыд уалдзæг. Йæ комы тæф хæццæ кодта горæтмæ. Æнкъардта йæ алчи дæр. Уыцы æхсæв сбон кодтон уазæгдоны. Куы райхъал дæн; уæд чидæр бахоста уазæгдоны дуар. Мидæмæ бахызт иу æв- зонг лæппу æмæ мæ разы æрлæууыд. — Корлн Владимир. Кусын фæскомцæдисы обкомы орга- низацион хайады сæргълæууæгæй. Фыццаг секретары бахæсмæ гæсгæ æз хъуамæ ацæуон демæ. Машинæ нæм уынджы æн- хъаелмæ кæсы. Ахызтыстæм горæтæй цæгаты ’рдæм. Асфальт фæндаджы дыууæ фарс бæрзонд фæцыдысты нæзыбæлæстæ, чысыл дард- Дæр зынд тар хъæд. Æвиппайды нæ машинæ дзыхълæуд фæкодта. Мæ цæстытæ андæгъдысты фæндаггæрон фатæгыл. Иæ уæлæ фыст уыди: «Джатиево». Ницæмæ йæ æрдардтон. Фæлæ уый фæстæ парти- йы райкомы секретары картæйыл куы федтон фыст цæрæн пункт «Джатиево», зæгъгæ, уæд хъуыдыты ацыдтæн: «Цымæ, зæгъын, кæцæй æрхаудта ацы ирон мыггаг ардæм». Мæ хъуыды бамба- 335
рын кодтон Коринæн. Уый дæр хъуыддаг бæлвырд нæ зыдта, уæддæр райдыдта: цыма ацы зæххыл раздæр цардысты финæг- тæ æмæ, æвæццæгæн, ном дæр баззадис уæдæй фæстæмæ. Æз быцæу кæныныл не схæцыдтæн, фæлæ мæ зæрдæ афтæ дзырд- та, цыма ме ’мбалы хъуыды раст нæу. Фарст аскъуыддзаг кæ- нын нæ бацис йæ бон фæскомцæдисы обкомы секретарæм дæр. Ацы ран нын баххуыс кодта скъолаты хайады гæс Шахнова Люся. Уый загъта, зæгъгæ, хъæу хæссы, 1944 азы чи фæмард, ахæм дæлбулкъоны ном. Ноджы тынгдæр райдыдтон цымыдис кæнын. Люся уый куы бамбæрста, уæд мын бацамыдта, цæмæй ацыдаин Шумилевы скъола-интернаты музеймæ. Изæр. Базонгæ дæн музейы директор Николаева Лариса- имæ. Лæууæм стенды раз. Фæкомкоммæ дæн къулыл нæлгой- маджы егъаугомау портретмæ. Фæтæн уæхск, йæ риуыл «Сырх Стъалыйы» орден. Зондджын цæстытæн уыдис арф хъуыдыйы æнгас. Портреты бып фыст: «Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатыр дæлбулкъон Дзадтиаты Егоры фырт Димитр хъæбатырæй фæ- мард Райгуырæн бæсты сæрвæлтау». Чысыл дæлдæр йæ биог- рафийæ иуæй-иу зонæнтæ: «Райгуырд Хуссар Ирыстоны 1909 азы зæхкусæджы бинонты ’хсæн». Ацы дзырдтæ бакæсгæйæ мо уæнгтæ ныддыздыз кодтой, цæстытыл абадти фæлм, зæрдæ йæ- хи къултыл хоста. Мæ хъуыдытæ бамидæг сты Ирыстоны, æр- зылдысты хæхты æмæ быдырты. Уæдмæ æрæмбæрстон мæхи. Комкоммæ мæм кастысты ме ’мзæххон хъайтары цардбæллон цæстытæ, цыма мæ йæ райгуырæн Ирыстокы хабæрттæй фарс- та. Кæсын дæлдæр- «Димитрыл 4 азы дæр нæма цыд, афтæ амард йæ фыд. Лæппу баззад сидзæрæй. Астаздзыдæй райдыд та <æххуырсты цæуын. йæ бонтæ æрвьгста бæгънæг, бæгъæвва- Дæй. Стыр Октябры революцийы фæрцы Дзадтиаты бинонтæ дæр фервæзтысты æвадат æмæ мæгуыр цардæй. 1923 азы алыгъдыс- ты Цæгат Ирьтстонмæ. 1924 азы Димитр бацыд фæскомцæдисы рæнхъытæм. Акуыста «Кавцинчы». Уый фæстæ ссис Ногиры фæскомцæдисои фæсивæды раздзог. Дим:итр 19 аздзыдæй ацыд Орджоникидзейы горæтмæ æм;г райдыдта кусын республикæйон газеты дамгъæвзарæгæй. Ба- цы.д Коммунистон партийы рæнхъытæм æмæ йæ уæд раразмæ кодтой партион куыстмæ. Уый фæстæ ахуыр кодта рабфачы, Мæскуыйы финансон-экономикон институты, кредитон-экономи- кон институты аспирантурæйы æмæ уый фæстæ та æддагон по- литикæйы Æппæтцæдисон академийы сæрмагонд курсыты. Димитр æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæм 1937 азы. Уæдæй раразмæ кодтой финансты апкоматмæ, æвзæрст æрцыд рес- публикæйы сæйраг Советы депутатæй. Уыцы рæстæджы вазыгджьшдæр кодта дунейон уавæр. Райгуырæн бæстæйы хъуыдысты бæрзонд квалификациджын æфсæддон кадыртæ. Æмæ та Димитр ногæй æрвыст æрцыд ах~ 336
уьфмæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хæдагъонмæ ахуыр кодта Ленлны номыл Æфсæддон-гсолитикш академийы. Райдыдта Фыдыбæстæйон хæст. Дзадтаты Димитр дæр йе ’доæт зонынад æмæ арæхстдзинад лæвæрдта знаджы ныхмæ то- хæн. Мæскуыйы горæты фæллойгæнджытæн каст лекцитæ æмæ докладтæ. Уыцы рæстæджы ныффыста диссертаци дæр æмæ райста экономикон зонæдты кандидаты (ном. 1941 азы фæззæджы Райгуырæн бæстæйы хъысмæт бахауд тæосаг уавæры. Знаг бырста Мæскуымæ. Димитр ацыд фронт- мæ, уыд 1091 æхсæг полчы къамисар. Стыр тых æмæ хъаруйы хицау адæймаг æппынæудзух уыд салдæттæ æмæ афицертимæ, комкоммæ къухдариуæг кодта ротæтæ æмæ батарейты партион æмæ фæскомцæдисон куыстæн. Тæссаг энаджы ныхмæ тохы хъайтардзинады тыххæй Ди- митр хорзæхджын æрцыд «Сырх Стъалыйы» орденæй, раразмæ йæ кодтой Ленинграды фронты 67 армийы политхайады хис- тæрæй. Кæсын дарддæр æмæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц хъайта- ры хæстон царды хабæрттæ. Ирон бæгъатыр æнæкæрон уарзтæй уарзта йæ Райгуырæм бæстæ æмæ цæттæ уыд уый сæрыл йæ цард 'Нывондæн æрхæссынмæ. Музейы ма сты Димитры фыстæджытæ, музейæн сæ рад- та йе ’мкъай Томайты Надеждæ. 1942 азы 9 июлы Димитр фыс- та йе ’мкъай æмæйæчызг Риммæмæ: «Æзлæууын хæстон посты, дæн пролетарон революцийы салдат. Ам скъуыддзаг цæуы Рай- гуырæн бæстæ, цард, сабитæ, стæй уæд, мæ чызг, дæ цин æмæ дæ амонды хъысмæт. Кæд дард ран дæн, уæддæр мæм афтæ кæ- сы, цыма бадын уе ’хсæн. Р;иммæ, дæуыл абон сæххæст 9 азы. Ныр стыр чызг дæ. Каст фæдæ фыццаг кълас советон скъола- йы... Ныртæккæ цæуы тох цард æмæ мæлæты хсæн, нæ сабиты амонд æмæ фидæны сæраппонд...» Райгуырæн бæстæйы æеувыд патриот Дзадтиайы фырт иу заманы службæ кодта фæсчъылдым, арæх-иу командæкæнына- ды бардзырдмæ гæсгæ æрвыст æрцыд фронтмæ. Иуахæмы та фыста йе мкъаймæ: «Фронтмæ мæ ацыд уыдис тынг цымыди- саг. Мæхи цæстæй федтон фронты цард, адæм куыд тох кæ- нынц, уый. Фæлæ, ,хъыгагæ,н, æгæр тагъд фездæхтæн. Фæлтау мæ иу æрвыст куы акæниккой». — Ацы документтæй дарддæр ницы ис музейы, — загъта Ларисæ, — фæлæ йын кæд йæ цард æмæ йæ тохы фæндагмæ Цымыдис кæныс, уæд дын ратдзынæн 142 дивизийы раздæры командир Санниковы адрес æмæ дын уый радзурдзæн Димитры тыххаей фылдæр. Ивгъуыд аз не скъолайы сабитæ фембæлдыс- ты Санников, Томайты Надеждæ æмæ йæ чызг Риммæимæ. Уы- Дон бирæ «ог хабæрттæ радзырдтой хъайтары цард æмæ сгуыхтдзинæдты тыххæй. Райстон адрес æмæ’ мын цы фотоныв радтой, уый. 22* 337
Хуыцаубон. Горæты газет æмæ фæ’скомцæдисы горкомы кусджыты бафæлдыд Дзадтиаты Димитры иомимæ бастуæвæг бынæттыл азилын. Федтам ма Шумилевы скъолайы ноджы иу музей, стæй ацыдыстæм Мелниковы поселокмæ. Ам иу <скверы лæууы хъайтары цырт. Хъæуы цæрджытæ æмæ скъоладзаутæ сæ зæрдыл дарынц ирон адæмы хъæбулы рухс ном æмæ дзы алч,и дæр стыр æхсызгонæй ракæны уый хæстон хъæбатырдзи- нады кой. Уыдта&н Димитры номыл совхозы. Шумилевы скъолайы мын балæвар кодтой ныв. Димитры æмкъай Томайты Надеж- дæ æмæ йæ чызг Риммæ лæууынд, 1944 азы не ’мзæххон хъан- тар цы блиндажы фæмард, уый цур. Фæцис мæ командировкæйы æмгъуыд. Æрыздæхтæн Ленин- градмæ. Мæ хъуыдыйæ нæ хицæн кодта Димитры цард æмæ хæстон фæндаг. Дзержинскийы уынджы 22 хæдзар. Дзæнгæрæджы зæлланг- мæ ракаст астæуккаг кары сылгоймаг. Мæ цыды сæр цæй тых- хæй у, уый куы базыдта, уæд мæ бахуыдта хæдзармæ. — Гр;игори, уазæг нæм, — фæдзырдта ус. Нæ размæ рахызт бæзæрхыг нæлгоймаг. Æз комкоммæ райдыдтон нæ хъайтарæй. Фысымы бирæ нæ бахъуыд хъуыды кæнын. Цæсгомы хуыз аивта, цæстæнгас фендæр. Лæг райдыд- та дзурын: — Æхситт кæнынц мæлæтхæссæг нæмыгызгъалтæ. Уый слæууыд быдыры астæу, мæ фæстæ полчы фæллад салдæттæ ныггуылф кодтой, раст цыма адæмы зæй ацыд æмæ сæ нал урæдта уромæг. Пол<чы райстæуыдбардзырд, зæгьгæ,{ ма.йор Дзадтиайы фырт аконд æрцыд Сырх Æфсады Сæйраг управленимæ. Уæлдæр бынат... Уый æхсызгон хабар уыд, фæлæ йыл )нæ бацин кодта Димитр. Нæ йæ фæндыд йе фсæддон хайæ фæхицæн. Дыккаг бон атахт Мæскуымæ æмæ уырдыгæй фæстæмæ йе фсæддон хаймæ. йе ’ппæт тых æмæ хъару радта, цæмæй салдæттæн бæр- зонддæр кодтаид сæ хæстон цæттæдзинад, карздæр кодтаид знагмæ се ’нæуынондзинад, фидарæй сæ уырныдтаид уæлахиз. «Фронты раззаг хаххыл политикон куыст нæ уарзы канце- ляршинæ. Раст партион дзырд æмæ ш цæвиттон, уыдон сты иууыл ахсджиагдæр», — дзырдта :иу Димитр. Размæбырсыны бардзырдыл стыр разæнгардæй сæм>бæл- дысты æппæт хæстонтæ. Батальоны къамисар йæхæдæг кодта салдæтты атакæмæ, Йæ хъæбатырдзинад ын зыдтой æгас полк. Цымыдисаг уыд Сухиничийы районы тох. 1942 азы 8 янва- ры къамисар Дзадтиайы фырт атакæйы акодта дыууæ батальо- ны æмæ дыууæ суткæйы дæргъы баурæдта контырразмæбырсты цæуæг знаджы хæйтты. Иу рæстæджы автоматчикты къорди- мæ баирвæзт гитлеронты фæсчъылдыммæ. Бацайдагъ ис карз 338
тох. Уым Димитрæн фæцæф йæ къах минæйы схъисæй æмæ йæ салдæттæ рахастой хæсты быдырæй. Дохты,р аокъуыддзаг кодта: «Рынчын хуысдзæн, цалынмæ сдзæбæх уа, уæдмæ». Ацы ныхæстæ нæ фæцыдысты дæлбул- къоны зæрдæмæ. Æртæ къуырийы фæстæ дзырд радта дохты- рæн, санитарон хайы йæхи дарддæр кæй дзæбæх кæндзæн, уый тыххæй. Уыдон дæр ыл баууæндыдысты æмæ йьш сæххæст код- той йæ куырдиат. Димитр та аздæхт фронтмæ. Лæдзæджы æнцæйтты цыд траншейтæм. «Къамисар немæ ис», — зæгъгæ, кæрæдзимæ-иу хæрзæггурæккаг фесты хæстонтæ дæр. Дзадтиайы фырты йæ хæстон хъайтардзинады тыххæй бавдыстой «Сырх Тырысайы» орден æмæ «Мæскуы хъахъхъæньшы сæраппонд» .майданæй схорзæхджын кæнынмæ., Фæлæ та ног бардзырд — нысан æрцыд Ленинграды фрон- ты 87 армийы политхайады хистæрæй. Уым фембæлдыстæм æмæ базонгæ ’стæм лæгæй-лæгмæ ирон хъайтаримæ, — загъта мæ фысым. Григори дарддæр кодта йæ ныхас: хæсты рæстæджы бирæ адæймæгтыл фембæлдтæн. Куыннæ нæм уыд хъæбатыр салдæт- тæ æмæ афицертæ. Фæлæ Димитр бирæ цæмæйдæрты хицæн кодта. Хæларзæрдæ мидбылты худт æмæ хъазæн иыхасæй сал- дæттæн уыд ныфсы хос. Йæ ныхас уыд сойыл цæуæгау, фæлæ фидар. Тынг æй уарзтой салдæттæ æмæ афицертæ, кæддæрид- дæр йемæ ныхас кодтой æргом зæрдæйæ. Размæ бырсыны хъуыддаджы Димитр бирæ хæттыты сых- хæст кодта армийы æфсæддон Советы бардзырдтæ. Уыимæ æвдьюта хъайтардзинады цæвиттон. Уый тыххæй йын стыр аргъ скодта Сойетон хицауад дæр... ...Ленинград йæхи цæттæ кодта з’наджы блакадæйы цæг атонынмæ. Фидар зæрдæ афицер тырныдта фронты раззаг хах- мæ. Фыста иу рапорт иннæйы фæстæ. Фæстагмæ сæххæст йæ бæллиц. Нысан æрцыд нæ дивизийы политхайады хистæрæй. Уыцы бонты Димитр йæ куыстæй двсы бафтыдта политхайад æмæ дивизийы афицерты. Хайад иста оперативон пълаи баку- сыны хъуыддаджы. Арæх цыд æфсæддон хæйттæ æмæ дæл- хæйттæм. Димитр уыд сæйраг фæдыздæхты архайæг 461 полкимæ ээмæ бацахстой ахсджиаг бæрзæнд 101. Ирон хъæбатырæн та лæвæрд æрцыд «Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны» орден æмæ «Сырх Тырысайы» орден. Иууыл кадджындæр хор- зæх та йын уыд салдæтты æууæнк æмæ уарзондзинад, хуыдтой йæ нæхи къамисар. Рацыдаид мæй. Нæ дивизи ахызт цæугæдон Вуоксуйы сæр- ты. Доны иннæ фарсмæ фыццаг баирвæзт 461 полк. Знаг стыр тыхтимæ рацыд контратакæйы. Тохы фæцæф сты полчы коман* Дир æмæ политхайады хистæр. Уавæр кодта вазыгджындæр. 339
Артиллери æмæ минометты цæхæры бын Дзадтайы фырт æм^ Саиников бæлæгъыл баленк кодтой доны иннæ фарсмæ, цæмæй райстаиккой, цы плацдарм бацахстой, уый æрфидар кæныны мадзæлттæ æмæ армийæн фæуыдаид доны сæрты ахизыны фа- дат. Чысыл фæсабыр хæст. Димитр уыд фронты раззаг хаххыл, Ныхас кодта хæстонтимæ. Æмбырд райдыдта 4 сахатыл. Æвип- Пайды азæлыди сармадзаны хъæр. Знаджы нæмыг сæмбæлд траншейыл. Уайтагъд .салдæттыл айхъуыст къамисары амæлæ- ты сау хабар. Салдæтты æнæуынондзинады улæн ныззæй код- та знагыл æмæ йæ ассыдтой иу цасдæр. Уый уыд 1944 азы 11 июлы». Фæцис йæ ныхас Саников. Сыстад, æнæдзургæйæ бацыд рудзынгмæ æмæ уырдыгæй каст дард кæдæмдæр. Мельниковы пооелокы астæу лæууы ирон хъæбатыры цырт. Иæ уæлæ фыст: «Бавдыст æрцыд йæ амаглæты фæстæ Советон Цæдисы хъæбатырты ном райсынмæ». Æмæ лæууы цардæгас хъайтарау, фæлгæсы сæрьгстырæй рухс дунемæ ирон бæгъатыр, цыма мйдбылхудгæйæ æмбарын кæны ’йæ зэврдæйыуаг: «Кæ- сут æз нæ амардтæн.» Вуоксайы цæугæдон згъоры хихджын бæлæстæ æмæ дурты ’хсæнты, хъуызæгау, быры ихты бьгаты, цыма, ирон бæгъатыры сабырдзинад фехалынæй тæрсы.
Плиты Илья НЫФСХАСТ КОМАНДИР Бирæ хорз адæймæгтæ ис не ’хсæн, æрвылбон дæр сылæм- бæлæм. Уыдон бирæ рæсугъд хъуыддæгтæ сарæзтой царды ми- дæг, æнувыд сты райгуырæн бæстæ æмæ адæмыл, нæ ахсджиаг Коммунистон партийыл. Фæлæ уыщы хорз адæймæгты хъуыд- дæгтæ бирæ хатт мах нæ фæзонæ,м. Æз цы хорз адæймæгты ко>й кæнын, уыдонæй иу у »горæт Цхинвалы цæр,æг Дзанайты Оимоны фырт Аким. Уый у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг. Куы йæ фæрсай .хæсты хабæрт- ты тыххæй, уæд дын цыбыртæй дзуашп ратдзæн: «Æз дæр æн* дæр хæстонтау тох кодтон немыцаг фашистты ныхмæ». Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы. Иу бон мын фæскуыст йы- хас бацайдагъис Акимимæ. Рагæй йæ зонын, фæлæ лæгæй-лæг- мæ никуы ныхас кодтон йемæ, никуы йæ бафарстон, цы царды фæндагыл рацыдис, уымæй, -стæй уæд йæ ныййарджытæй æмæ нæ бинонтæй дæр. Асæ,й рæстæ.мбис, уæздан, хæдæфсарм, сыгъдæгзæрдæ, йæ кыхас адджы-н, мадзура, — ахæм у цыбыртæй йе ’ттаг бакаст аЦы адæймагæн. Уый райгуырди 1913 азы Цæгат Ирыстоны торæт Дзæуджы- хъæуы мæгуыр бинонты ’хсæн. 1918 азы йæ фыд Симон амардис æмæ цалдæр æнахъом сывæллонимæ баззадысты сæ имады ВДжид. Уæззау заман уыдис уæд Цæгат Ирыстоны: урсгварди- онтæ адæмы æфхæрдтой æмæ стыгътой. хæдзæрттæм бырстой 341
æмæ сын сæ муртæ тыхæй истой. Акимы бинонтæ дæр æвыдæй нæ баззадысты: цы .муртæ ма юæм баззад, уыдон сын байстой æмæ афтæмæй уынгæджыйы бонтæ æрвыстой. Уалынмæ Цæгат Ирыстоны сфидарис Советон хицауад. Мæ- гуыр адæмыл хур ракаст. Сæ мад дæр йæ мæгуырдзинад ницæ- >мæ уал æрдардта, куысты ныллæууыд æмæ йæ сидзæр саб’иты хъомыл кодта. 1927 азы Ажимы хистæр æфсымæр æрцыд Цхин- валмæ, ам кусын райдыдта, фæстæдæр йæхимæ æркодта Акимы æмæ йæ мады дæр. » Зынгæ ирон революционер Козаты Разден уый размæ зон- гæуыдис Акимы мад æмæ ’фыдимæ, æмæ ныр бинонты тыхст- дзииад куы федта, уæд сæ барæвдыдта, цы йæ бон уыд, уымæй сын æххуыс кодта кæддæриддæр... Аким йæхæдæг ахуыр кæныы райдыдта Цхинвалы ирон скъолайы. Астæуккаг скъола каст дæр ам фæци. Афтæмæй, Дзанайты сидзæртæ Цхинвалы цæргæ- йæ баззацысты, хæдзар скодтой, сæ цард сарæзтой, адæмы рæ- гъы рацыдысты. Фæлæ адæймагæн йæ цардвæндаг иугъуызон кæм вæййы! 1941 азы 22 июны хæст куы райдыдта, уæд Советон Æфсадмæ æшпæты фыццаг кæмæ æрсадтысты, уыдонимæ уыдис Дзанайты Аким дæр. Уый хæсты райдианы рæнхъон хæстон уыди, фæлæ йæ 1943 азы арвыстой афицерты курсытæм æмæ сæ каст щи фæци, уæд оаис афицер. 1944 аз. Январь. Немыцаг æфсæдтæ сæхи æрфидар кодтои Керчы зæххыл. Не ’фсæдтæ размæ абырстой æмæ иу горæт ин- нæ горæты фæдыл сæрибар кодтой. Фæлæ :карз, тугкалæн тохты немыцаг фашисттæ сæхи нæ лæвæрдтой, кæд сыл стыр зиæнттæ цыд-ис, уæддæр. Бацахсын хъуыдис бæрзæнд 71,3. Дзанайты Акимы ’взво- дæн -бахæс æрцыдис уыцы бæрзæндæй знаджы фæсурын æмæ йæ бацахсын. Взводы'|хæстонтæ, Аким сæ разæй, афтæмæй, уадтымы- гъау, сыстадыюты, бабырстой зиаджы траншеймæ. Уыцы бон Аким йæхæдæг автоматæй скуынæг кодта 15 фашисты. Æмæ кæд йæхæдæг дæр фæцæфис, уæддæр тохы быдыр нæ ныууагъ- та, разйенгард кодта йæ хæстонты. Уыщы хæстон операцийы арæхстдзинад æмæ хъæбатырдз’и- над -кæй равдыста, уый тыххæй Дзанайты Аким хорзæхцжын æрцыд «Сырх Стъайылы» орденæй. Кæд Керчы .цур тохты ооветон æфсæдтæ знагæн сæрсæт- тæн цæфтæ фæкодтой, уæддæр знаг ног тыхтæ калдта фронтмæ. Уæд не ’фсæдтæ размæбырст сарæзтой æртæрдыгæй: флот хæ- цыдысты Сау денджызы ’рдыгæй, авиаци — уæлдæфæй æмæ сур зæххыл та фистæг æфсад, семæ артиллери. Размæбырст... Сармадзанты нæрын, бомбæты рæмыгъдты- тæ... Аким цы ротæйы уыд, уымæн йæ гомандир фæцæф æмæ 342
\-æД Аким ротæйыл командæ кæ«ын йæх’имæ райста. Хæстонты йæ фæдыл акодта. — Размæ, атакæмæ, æмбæлттæ! Немыцæгтæ нымæцæй фылдæр уыдысты, фæлæ оæ махуæт- тæ ’окуынæг кодтой. Размæбырсты рæстæджы батальонмæ æр- баиу сты матростæ дæр æмæ уыдон стыр æххуыс бакодтой зна- джы ныддæрæн иæньшæн. Хъырымы зæхх немыцаг фаншсттæй «ссæр;ибар кæныны тох- ты Дзанайы фырты раз цы хæстæ æвæрд уыдис, уыдон сæххæст кодта арæхстджынæй, æмæ уымæ «гæсгæ хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæйон хæсты II къæпхæны» орденæй. Севастополы дур цы тугкалæн тохтæ цыдис, уым Акимфæ- иæф’и. Куы сдзæбæх, уæд æй арвыстой 3-аг украинаг фронтмæ, хайад иста Румыни, Австри, Венгри æмæ Югославийы немыцаг тыхæйисджытæй ссæрибар кæныныл тохты. , Бирæ сты Дзаиайы фырты сгуыхтдзинæдтæ, уыдон чи фæ- нымайдзæн! Фаг у цæвиттонæн æрхæссынæн, 1945 азы 23 м,арты 104 æхсæг корпусы командир инæлар-майор Филипюв Дзанайты Акимы тыххæй кæй фыста, уый: «Хистæр лейтенант Дзанайы фырт хорз сифтонг кодта фи- дар хъахъхъæдад саразыны æппæт хъуыддæгтæ, раст равæрдта хотыхтæ, 1945 азы 6 марты немыцæттæ стыр къордæй бирæтан- кæтимæ рабырстой не ’фоæдты пыхмæ. Хистæр лейтенант Дза- найы фьгрт, йæ ротæйы разæй цæугæйæ, фидар æмæ уæндонæй сæмбæлдис ныхмæлæууæгыл. Ротæ кæцæй хæцыдис, уырдæм немыцæгтæ æрбатыдтой я^мæ дыууæты ’хсæ-н хæст бацайдагъ. Дзанайы > фырты ротæ скуынæг кодта ныхм^æлæууæджы дыууæ взводæй фылдæр фис- тæг æфсад æмæ цалдæр æхсæн тæппы. 1945 азы 7 ма(рты дард- Дæр тох кодтой Фекетейы районы. Дзанайы фырты ротæ знæгты æрхъулайы бахаудта. Æмб. Дзанайы фырт, йæхи цæвиттонæй срааæнгард кодта хæстонты æмæ изæры куыддæр æрталынгис, афтæ æрхъула атыдтой æмæ знæгтæн бакодтой стыр зиæнттæ. 1945 азы 6 мартæй 10 мартмæ тохты рæстæджы Дзанайы фыр* ты къухдариуæджы бын ротæ скуынæг кодта 100 гитлеронæй фылдæр æмæ ныхмæлæууæджы цалдæр æхсæн тæппы.» Дзанайты Аким уыцы тохты хъæбатырдзинад кæгС равдыс- та, уый тыххæй йьгн лæвæрд æрцыд» «Фыдьибæстæйон хæсты I къæпхæны» орден. Уæззау уыди Акимы тохы фæндаг, уый райдыдта Кавказы хохрæбынтæй. Æмæ цыди Хъырым, Украинæ, Венгри, Австри, Румыни æмæ Югославийы зæххыл, фашистты дæрæнкæнгæйæ. Хæсты фæстæ азты Дзанайты Аким, йæ райгуырæн Ирыс- тонмæ рыздæхгæйæ, куыста бирæ бæрнон бынæтты. Ныр та у Цхшшалы электровибромашинæтæаразæн заводы директоры хæдивæг. 343
Гуырдзыбеты Барис ФÆСТАГ ПИСМО «Æнусмæ.кад æмæ намыс Дзæгойты Гаврилæн». Афтæ фысг ис, Мустыздæхы цæрджытæ се ’мхъæуккагæн скъолайы кæр- ты цы цырт ныссагътой, ууыл. Даргъ æмæ зын уыдис Гаврилы æфсæддон фæндаг. 1937 азы бацыд Орджоникидзейы хæстон училищемæ æмæ йæ каст фæцис 1939 азы. Дзæгойты Гаврил йе ’фсæддон дæсныдз’инад уæлдай хорз равдыста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Уымæн æвдисæн сгы, цы бирæ хорзæхтæ йын лæвæрд æрцыд, уыдон. ...Чехословаки. Не ’фсæдтæ -размæ лæгæрстой. Гаврил уæд уыдис дивизийы разведкæйы командир. Бахъуыдис «æвзаг» сса- рын æ.мæ уыцы бæрнон хæс Гавр.ил йæхимæ райста йæ дыууæ ’мбалимæ. Æхсæв бацыдис йæ барты, хъуысы топпы иугай гæрæхтæ, пулеметты къæр-къæр. Уыцы афон Гаврил æмæ .йæ дыууæ в«мба- лы сæхи афаууон кодтой, .немьщаг салдæттæ цы блиндажы бад- тысты, уымæй чысыл æддæдæр. Немыцаг хъахъхъæнæг дыууæр- дæм рацу-бацу кодта. Хатгай-иу сæм тынг æрбаввахс. Мæнæ та яыр дæр схæццæ сæ размæ. Сæхи йыл ныццавтой. Хъахъхъæнæг æнæхъару нæ разынд æмæ сæ .къухы зынтæй бафтыд æнæ иу сыбырттæй йæ иуварсмæ аласын, фæлæ йæ Гаврилы æмбæлт- тæй, æвæццæгæн, исчи æгæр ныццавта æмæ, гыццыл куыруа- дысты, уæд йæ уд систа. Фæстæмæ сæ зонгуытыл фæбырынц Блиндажы тохынайæ кæ- лы фæздæр. Гаврил йæ худ фелвæста æмæ йæ тохынайы хуын- 344
ч’ьы ф^Цавта: фæздæг блиндажмæ куы бацæуа, уæд дзы искæ- |æн æддæмæ æнæ уайгæ <нæ уыдзæн. К’ьæрцхъусæй æнхъæлмæ кæсынц. Гаврил куыд хъуыды кодта, хъуыддаг афтæ рауад. Цалдæр минуты фæстæ блинда- жæй тагъд-тагъд рауадис «емыцаг, фæраст фæздæгдзæуæнмæ æма^ йыл уыцы рæстæг сæхи ныццавтой æртæ сгарæджы. Немьщаг разындис афицер, радзырдта бирæ ахсджиаг сусæг- дзинæдтæ, ныббырст фæрæстмæ. Уыцы операцийы тыххæй Гав- рилæн лæвæрд æрцыд «Сырх Стъалыйы» дыккаг орден. Уымæй фæстæмæ дæр Гаврил йæхиуыл шæ ауæрста фа- шистты /ныхмæ тохы. «Мæ зынаргъ ныййарджытæ, — фыста уый, — æз дæн æнæ- низ, мæтмæ уæ зæрдæ ма ’хсайæнт. Знаг лидзы йæ лæгæтмæ. Тагъд уæлахизы тырыса сфæйлаудзæн Берлины сæрмæ. Уæла- хизы фæстæ фæцæуын нæхимæ. Уæхи Гаврил. 1945 азы 24 апрель». Уый уыдисДзæгойы фырты фæстаг писмо.Чысыл фæстæдæр та сæм фыста æфсæддон хайы командир: «Зынаргъ ныййарджьь тæ! Зæрдæрыстæй уын хъусын кæнын уæ уарзон хъæбул Гаври- лы сæфты хабар. Уый, стыр хъæбатырдзинад равдисгæйæ, мæ- лæтдзаг цæф фæци Берлины, æмæ 1945 азы 25 июны амардго- рæт Краковы, уым æй кадимæ баныгæдтам». ...Рагæй нал фехъуыстой Мустыздæхы цæрджытæ сæ хъæ- батыр æмхъæуккаджы хъæлæс, рагæй нал ауад уый йæ райгуы- рæн хъæуы уынгты. Фæлæ йын йæ ном нæ рох кæнынц. ...Лæууы æгомыг цырт скъолайы кæрты. Хъæбатыр цæргæс йæ уд, йæ рæсугъд цард кæй сæраппонд сньквонд кодта, уыцы сывæллæттæ зилынц ’ингæнмæ, зымæг æй дарынщ сыгъдæг, сæр- дыгон æй сфæлгонц кæнынц дидинджытæй.
Гасситы Верæ МЗИУАГ ЛÆППУ Раджы фæци хæст. Рæстæг йæ фæлмæн армæй асæрфтахæ- сты æвирхъау хъæдгæмтты æмæ зæххыл атылдис фарн æмæса- бырад. Хæххон Мзиуы хъæуæй дæлæмæ, коммæ цæуы гакъон-макъон иукъахвæндаг. Ацы фæндаг хъæубæсты иу кæны æддаг дунеимæ. Зымæгон арф мит куы ныууары, уæд фæндаг, æрдуйы хидау, аскъуыйы æмæ хъæубæсты бирæ бонты фæхицæн кæны æддаг дунейæ. Даргъ æмæ цыбыр у ацы фæндаг. Уæлвæзы, бæрзони ран, хъæубæстæ куы æрцардысты, уæдæй фæстæмæ бирæ раза- гъта фæсивæд абалц ацы фæндагыл. Чи хуыздæр цардагур, чи зонындзинæдтæм, чи та Фыдыбæстæйы сæрыл æнæнтау хъазуат- мæ. Ацы иукъахфæндапыл фæцыд стыр тохмæ Дзеранты Макси- мы фырт Ефим дæр. Фæцыд æмæ Иры разагъта хъæбултимæ иумæ бахызта ныййарæг мады, йæчиубæстон адæмы æмæ æрхас- та фыды уæзæгмæ фарн æмæ фидыдад. Даргъ æмæ æвирхъау уыд фæндаджы райдиан, уæззау æмæ тугæрхæм уыд йæ кæрон. Уæлах,издз.инад Дзеранты Ефим æрха- ста йæ хæдтæхæджы хъæдгæмттæ базыртыл. Хæсты размæ ахуыр кодта Цхинвалы ирон скъолайы æмæ уыйæмрæстæджы цыд Цхинвалы АЭРО-клубмæ. Хæдтæхæг скъæрын ын амыдта номдзыд ирон бæгъатыр Цоциты Уасил. Æнцонæй къухты не фтыдис аэродинамикæ æмæ тæхыны теори базоныны хъуыддаг. Уыщы хъуыддæгтæ кæм базындæуыдаид, ахæм чингуытæ иронау ’нæ уыд, уырыссагау та сæЕфим рæстмæ не ’мбæрста. Фæлæ йæ , 346
аХуЫргæнджыты цæстуарзон æххуыс æмæ йæхи æвзыгъддзина- ДЬ1 руаджы æвзонг лæппуйæн йæ бон бацис 1939 азы фæззæджы иттæг хорз нысæнттамæ Цхинвалы АЭРО-клуб фæуын. Еф>имы 20ирон æвзыгъд лæппуимæ дарддæр ахуырмæ арвыстой Киро- вабады авиацион ахуыргæнæндонмæ. Ацы ахуыргæнæндоны аскъуыддзаг Ефимы дарддæры цар- дыхъысмæт. Ахуыр кæнын райдыдта тагъдтæхæг бомбæзгъалæг хæдтæхæт скъæрæджы дæсныйадыл. 1941 азы 22 июлы немыцаг- фаншстон абырджытæ мæнгардæй æрбабырстой нæ райгуырæн бæстæмæ. Ефим уыцы æвирхьау хабар фехъуыста Кировабады. Хæст уæззау кæй уыдзæн, уый бам^бæрста Ефим. Бамбæрста советон адæмы хъысмæт тæрæзтыл кæй æрывæрдæуыдис, уый, а-мæ йæ йæ хъуыдытæ аскъæфтой 'Сæхимæ Мзиумæ, йæ фыды- уæзæгмæ, йæ мад, йæ фыдмæ, йæ хотæ æмæ ’фсымæртæм. Зыдта Ефим, райсом цы фæндагыл араст уыдзæн, уый суанг- дæр йæ кæронмæ тугæй цæм кæй уыдзæн æмæ йæ бафæндыд, йæ ныййарджыты куы фенид, уый, фæлæ йын уый фадат нæ фæци, Уайтагъддæр ахуыргæнæндоны ахуыры программæ фæцы- быр кодтой. Æвзонг хæдтæхæгскъæрджыты арвыстой Балашов- мæ. Уыцы ран сæ сарæзтой æфсæддон ’полк, æмæ райдыдтой хаг стон хæс æххæст кæнын. Афтæ райдыдта Дзеранты Еф.и.мы хæстон фæндаг. Уæззау æмæ æвирхъау уыд уыцы фæндаг. Хæсты фыццаг мæйты немы- цаг-фашистон æфсæдтæ тыхджындæр уыдысты хæстон техникæ- йæ, гъе, уымæ гæсгæ стыр зиæнттæ ракодтой, Ефим цы иолчы службæ кодта, уымæн. Фæстæдæр Дзераны фырт сбадт æндæр хæдтæхæтыл. Уыцы хæдтæхæг бирæ рæвдздæр æмæ хуыздæр уыд йæ размæйы хæстон хæдтæхджытæй. Уьщы хæдтæхæджы азæй-азмæ хуыздæр кодтой, -ссис советон уæлдæфон тыхты хъомысджындæртæй æмæ иттæг æххуыс фæцис фашистон Гер- маныл фæуæлашзы хъуыддаджы. Фыдыбæстæйон хæст куы фæни, уæдæй нырмæ бирæ рæс- тæг^рацыд, фæлæ ма ныр дæр арæх æрымысы Ефим йæ хæстон хæдтæхæджы, уæлдайдæр та йæ цин æмæ хъыгтæ кæимæ дих кодта, уыцы уарзон æмбал уæлдæфон æхсæг Саша Дубяшины. Дубяшинимæ Ефим фæтахт хæстон стæрты Домбассæй Венæмæ, •иумæ тох котой Румыны арвыл, стæй та Венгрийы, Югослав’ийы. Чехословакийы æмæ Австрийы Дубяшинимæ Ефим йæ хæдтæхæ- гыл æххуыс кодта Советон Æфсады размæбырстæн, дæрæн кодта знаджы ахсджиаг коммуникациты, хæстон техникæйьт, хæлцадон фæсауæрцты. Дыууæ хатты фервæзын кодта мæлæтæи Ефимы Саша Дубяшин. Уый уыди Донбассы районы. Хъæды æрбынат кодтой фыды- знаджы æвæдж.иауы стыр хæстон тыхтæ. Артиллери æмæ танкæ- ты къордтæ. Ардыгæй знаг фæцæф кæнынмæ хъавыдис советон размæбырсæг æфсæддон хæйтты. 347
Хъуыдис зиаджы хæстоп тыхты рабæрæг кæнын æмæ уыдо- ныл бомбæтæ комкоммæ æркалын. Уый тыххæй та хæрз ныл- лæджыты хæдтæхæг хъуамæ батахтаид хъæды сæрты. Цæмæй хæдтæхæгыскъæрæгæн йæ бон бауыдаид знаджы æмбæхст хæс- тон тыхты фенын. Уый тæссаг хъуыддаг уыд. Фыдызнагæн йяо бон уыд хæдтæхæджы зенитон сармадзанæн комкоммæ фæцæф кæнын. Уыцы ахсджиаг хæе полчы командир бахæс кодта хистæр лейтенант Дзеранты Ефлмæн. Æрвылхаттау, ныр дæр сабыр, æдыхстæй æрбахгæдта Ефим хæдтæхæджы кабинæйы дуарæдтæ цæсты фæныкъуылдмæ хæдтæхæг йæхи систа аэродромæй. Знаг уæлдæфон æрбабырстмæ не ’нхъæлмæ каст. Æмæ^хæрз- ныллæг хъæды сæрмæ советон бомбæзг<ъалæг хæдтæхæг куы фаэ- зынд, уæд исдуг фергъуыйау ис. Уалынджы хæдтæхæгæй фазхи- цæн сты бомбæтæ, ныннæрыд хъæд, æмæ знаджы хæстон техни- ьæ æмæ хæлцадон фæсауæрцтæ спырх сты. Дзераны фырт иу хатт æрзылд хъæды сæрты, стæй дыккаг хатт разылд... Ногæн та ракалдта знагæн мæлæтхæссæг бомбæтæ. Ацы хатт бомбæ- тæй сæ иу комкоммæ сæмбæлд хъæды сыфтæрты бын æмбæхст. бензин æмæ æртадл^ы цистернæтыл. Цистернæтæ срæдывтой æмæ хъæд æгасæй дæр арты сырх-сырхид æвзæгтæ фестад. Цистер-нæтæм хæрзхæстæг уыдысты знаджы хæстон æрмæджы тыæфтауцдон (уьщы бон изæрæй зна,г фæнд кодта размæбырс- ты рацæуьш, æмæ æрбакодта хъæдьт къохмæ, йæ танкæйон ди- визийæн размæбырстæн цы æрмæджытæ хъуыдис, уыдон). Цистернæтæ куы срæмыгътой, уæд арты улæн бахæццæ ис хæстон æрмæджыты складмæ дæр. Ныррызт зæхх æмæ, цыма хъæдыл хъаймæты бон æркодта, уыйау аныгъуылд сатæгсау фæздæджы бын. Уыцы æвирхъау срæмыгъдæй ныддæрæн сты знаджы дæсг’ай танкæтæ æмæ сармадзантæ, сæдæгай фаншстон салдæттæ æмæ афяцертæн уыцы бон аныгуылд сæ фæстаг хуры тын. Знагыл хъаймæты бон кæй æркодта, уый уыдта Дзераны фырт йæ хæдтæхæгæй æмæ ради йæ мидзæрдæйы, йæ цыфыддæр знаджы сæфтыл. Йæ фæстаг бомбæтæ ма сыл ракалдта, стæп сындæлгай разылд æмæ хæрдмæ фæцарæзта йæ хæдтæхæджы. Гъе, фæлæ раст уыцы рæстæджы знаджы зенитон сармадзаны кæмыг сæмбæлд Дзераны фырты хæдтæхæджы сойы бакыл æмæ ссыгъди. — «Парашютыл рагæопгæнæн нæй, — ахъуыды кодта Ефим, — æгæр ныллæг тæхæм зæхмæ æмæ парашют нæ райхæлдзæн, цалынмæ бæрзонддæр стæха, уæдмæ та бак арæмудздзæн æмæ хæдтæхæг ссудздзæн: æндæр гæнæн нæй — хæдтæхæджы æрба- дын кæнын хъæуы йæ гуыбыныл». Дзераны фырт арæхстджынæй рауагъта хæдтæхæджы зæх- мææмæ йæ быгъдæг ран йæ гуыбыныл æрбадын кодта. Стыр 348
.фæхстдаинад, фидар задрдæйы уаг æмæ дæоныйад хьæуы ахæм уавазры хæдтæхæджы æрбадып кæнынæн. Хæдтæхæг фыццаг 1гТГ зæххыл йæхи куы ахафта, уæд Еф<им йæхи ныццавта каби- нæиы бортыл, цæф афтæ тышг уыди æмæ бауадзыг. Хæдтæхæг куы æрлæууыд, уæд Ефимы хæстон æмбал Саша дæр уæззау цæфтæ уыд, фæлæ уый уадзыг нæ баци, рагæпп ласта, кабинæ- нæ райста Ефимы. Иу сæдæ метры йæ куыд аласта, афтæ сæ хæдтæхæг фехæлд æмæ дзы кæрæдзиуыл. ницыуал фæхæцыд. Цадæлгай йемуд æрцыд Ефим, фæлæ рыст йæ сæр, гуыр-гуыр кодтой хъустæ. Талынг кæнын райдыдта. Сашæ иу ран ссардга цад. Дон æрбахаста æмæ æрыхсадта Ефимы цæсгомы тугтач стæй йын бабаста йæ хъæдгом. Æхсæвы тар ашыхъуырдта боны рухс. Кæмдæр арвыл ферт- тивы ракетæ, фæлæ бæрæг нæй, чи йæ суадзы арвмæ: хиуæттæ æви знæгтæ. Талынджы бахæццæ сты хъæды дзыхмæ. Æхсæвы уым æрынцадысты. Райсом дзæбæх куы ’рбарухс, уæд фæндаг агурыи райдыдтой. Фæстæмæ æви размæ. Зьгн рахатæн уыд, че- рдыгæй сты нæхиуæттæ, чердыгæй та знæгтæ. Дыккаг бон изæрæй, арвыл ’ авдхойы равæрдмæ гæсгæ, Ефим æмæ Сашæ лæдзæджы æнцæйтты тых æмæ амæлттæй сæ яых сарæзтой скæсæны ’рдæм. Райсом ’бон дзир-дзур кодта, аф- тæфæллад, фæл.мæцыдæй æнæнхъæлæджы хæрхæмбæлд фесты не ’фсæддон хайыл. Ефим сбадт ног бомбæзгъалæг хæдтæхæгыл. Ногæй та арвы риу, ногæй та уæззау, тугкалæн тох. Цал æмæ цал хатты ахаста йæ хæдтæхæджы базыртыл знагæн мæлæтхæосæг бомбæтæ, цал æмæ цал хатты æркалдта бомбæтæ знаджы коммюникацитыл, стратегион объекттыл, фашистон эшелонтыл, цал фашисточ сырды арвыста мæрдтæм, уыдон чи банымайдзæн. Алы хатт-иу нæ фæфæздараст Ефим. Бирæ хæттыты-иу йæ хæдтæхæджы базыртæ, сыхырнайау ныххуынчъытæ стьь куы-иу знаджы нæмыгæй йæ хæдтæхæджы базыры ’рдæг ахауд, куы та хæдтæхæджы къæдзил. Знаджы нæмыджы схъистæй йæхæдæ: Дæр цалдæр хатты фæци уæззау цæфтæ. Фæлæ Дзераны фырт кæддæриддæр йæ хæстон хæс æнæсæххæст нæ фæци. Иу хатт Дзераны фырт йæ радон хæстон хæс сæххæст кæ- ньшы фæстæ æрбацæйздæхт фæстæмæ. Æнæнхъæлæджы м’игъ- ты ’хсæнæй фæзындысты фашистон дыууæ куынæггæнæг хæдтæ- ^æджы. Знаг уадидæгæн æхсын байдыдта. Аирвæзæн нал уыд Знаджы холыхор сырдтæй, фæлæ Дзераны фырт, афтæ æнцæнт- ты йæхи нæ лæвæрдта. Тохы бацыд знаджы дыууæ хæдтæха*- Джимæ. Сæ иуæ’н уадидæгæн йæ фæздæг скалд, иуырдæм ракъул ФМæ зæхкы ’рдæм фæуырдыг. Уый фенгæйæ, знаджы дыккаг хæдтæхæг йæхи комкоммæ рауагъта Дзераны фырты хæдтæхæ- гмæ, хъуамæ йыл йæхи ньщцавтаид, фæлæ Дзераны фырт рæстæ- г'Ь1л бамбæрста зиаджы хинвæнд. Йæ хæдтæхæджы хæрдмæ фæ- 349
зылдта æмæ знаджы хæдтæхæг йæ бынты баивгъуыдта разм^ Знаг бамбæрста йæ рæдыд. Цалынмæ фæстæмæ разилынмæ хъа~ выд, уæдмæ йын советон хъæбатыр хæстон йæ фæрстыл баньь мадта цалдæр нæмыджы. Пиллон арт æмæ сау фæздæджы аньь гъуылд знаг, фæцудыдта æмæ расхъиудта зæхмæ. Уыцы тохы ахауд Ефимы хæдтæхæджы къæдзил дæр, ныххуынчъытæ сты хæдтæхæджы фæрстæ, фæцæф знаджы «æмыгæй йæ рахиз цонг йæхицæн дæр, фæлæ уæддæр бынатмæ æрбахæццæ кодта йае хæдтæхæджы. Советон æфсæдтæ фыдгул знаджы аппæрстой нæ бæстæйы арæнтæй. Тохтæ цыдысты Венгрийы зæххыл. Югославийæ Вен-' гримæ знаг æрбакалдта советон размæбырсæг æфсæдты æруро- мын æмæ фæцæф кæныны тыххæй удæгас стыр тыхтæ æмæ хæс- тон техникæ. Дзераны фырт æмæ йæ хæстон звенойæн (бахæсчындæуыд, ца>; мæй сбæрæг кодтаиккой, знаджы тыхтæ Югославийæ Венгримæ кæуылты æрбацæудзысты, уый æмæ сæ æрурæдтаиккой фæнда- гыл. Дзераны фырт æмæ йæ хæстон звенойæн бантыст знаджы эшелоны ссарын. Бомбæ комкоммæ æрæпшæрста паровозыл.- Паровоз иыппырх. Эшелон æрлæууыд. Уый фæстæ Дзераны фырт радиойæ фехъусын кодта йе ’фсæддон хаймæ. Уæлдæф- мæ ста.хт хæдтæхджыты æнæхъæн полк æмæ æгасæйдæр ныд- дæрæн кодтой знаджы эшелоды. Советон хæстонтимæ иумæ Дзераны фырт дæр йæ хæдтæхæджы базыртыл хаста сæрибар- дзи.над Европæйы милуангай адæймæгтæн. Ирон хъæбатыр цæргæсæн йæ тæхæнтæ æмæ йæ хазцæн .бы- нæттæ уыдысты Румыни, Венгри, Польшæ, Чехословаки, Юго-? слави æмæ Австрийы æрвон быдыртæ. Асæй рæстæмбис, къæс-> хуыр, фидæрттæконд лæппулæг, æмгæртты уарзон æмæ цард- бæллон у Дзераны фырт. Цард та чи уарзы Ефимы хуызæн, фæлæ йæ тæразыл бирæ хæттыты æрывæрцта уыцы царды. Басаст фашистон Герман. Цард фæуæлахиз мæлæтыл. Æмæ гвардийы капитаи Дзеранты Ефим дæр йæ райгуы- рæн фыды уæзæгмæ æрхаста фарн æмæ амонд. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цы хъæбатырдзинад æмæ лæг- дзинад равдыста, уый тыххæй йæ Советон сæрдарад схорзæх-, джын кодта цыппар хæстон орден æмæ 5 майданæй. Ныртæккæ Дзараны фырт кусы Орджоникидзейы горæты крахмалгæнæн заводы, у намысджын, цæсгомджын кусæг. йæ хорз куысты тыххæй цалдæр хатты <райста арфæтæ. Даргъ уыд Мзиуæй Венæмæ Ефимы тохы фæндаг, уæззау, æвирхъау уыдысты азтæ, уый лыгъд цыбыр уыд фæндаг хæс- ты фæстæ йæ фыдыуæзæгмæ. Райдзаст, амондджын у йæ абон, йæ сом, йæ фидæн. 350
Григол Баграт Гаглойти Григол ЦАРÆФТЫД ÆФСЫМÆРТÆ Цард æгъатыр у. Иæ ныхмæ æдзух хъæддыхæй куынæ лæу- уай, уæд дæ сæрсæфæн былæй куыд ахсойдзæн, уый зонгæ дæр нæбакæндзынæ. Уый зоны алчи дæр, уый зыдта «сидзæргæс^ Магда дæр æмæ æнауæрдонæй тох кодта царды сæрыл. Уæдæ цы,:сæр дæ бахъуыд, уæд дæ гæрзтæ ма рывæр, фæлæ тох кæн, цалынмæ дæ цæст æрттива, де онг фæразай, уæдмæ. Магдайы йæ лæг цыппар æнахъом сывæллонимæ уæзæджы къæйыл куы ныууагъта, уæдæй фæстæмæ бирæ рæстæг аив- гъуыдта. Ныууагъта сæ уымæн æмæ æндæр усы «бауарзта». Уæдæ, бауарзта, хæдзарыдзаг бинонты ихы сæр ныууагъта, сæ муртæ <сын йæ фьпщаг скодта æмæ йæ уды гагаимæ дардфæ- лыгъди... Йæ уæлвæд, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ ææъуыссæг аэхсæвтæ арвыста Магда. Мæт æмæ сагъæс кодта, йæ цыппар сабийы (æртæ лæппуйы æ)мæ иучызг) афтид къуымты куыдхъо- мыл кæндзæни, ууыл. Стæй уыцы хабар æрцыди тæккæ къуырц- цьгл — æрæгвæззæг, мæнæ ног уард мит халас рæгътæй уырдыг- мæ йæ уазал ирд иæстытæ куы ныццæвы æмæ адæммæ ,куы фер-* тхъирæн кæны, уæд. Æмæ æниу цы бацæттæ кодтаид Магда та? Халоны ахстоны хуызæн хъæдхъиу хæдзары къуымтæ афтид. 35!
Къæвда царæй фæныкмæ тагъд. Æвдулæ,нваг ссады тæпп нæн... Цалдæр боны йæ сывæллæтты фæхаста нартхоры дзырнашъ. «Æмæ дарддæр та?.. Цы хæрдзысты? Цæмæй щæрдзысты?.. Зьь мæг — нæ уæлхъус, суджыкъæцæл нæй», — арф хъуыдыты аны- гъуылд æвæгæсæг сылгоймаг. йæ цæгат дæр дард — æнæхъæн бондау. Кæмæ ма баулæфыдавд, йæ къух -кæмæ фæдардтаид мæнæ былæй фæхауын æмæ мын баххуыс кæнут, зæгъгæ. Фæззыгон бон цыбыр у æмæ йын нал æнтыст кусын дæр. Сæ -хуымы гæппæлы сын цы хъæбæрхор тыд уыди, уый æхсыр- фæй æркарста, куыристы кæрæдзийыл самадта, фæлæ .найта? Гал нæй, бæх дæр афтæ... Цыдис рæстæг. Æризæр... Додоты хъæу ныссабыр. Алчи йæ фæрныг хæдзары, хъарм хуыссæнты, йæ фынтæ нывæзта. Æр- мæст нæ фынæй кодта Магда. Уый хъæугæрон, йæ хæдзары, зæронд пецы фарсмæ бадти æнкъардæй. Цалдæр хатты йæ къæсхуыр рустыл хъарм адестысыгтæ куыд æруад, уый зонгæ дæо нæ бакодта. Къулыл фæтæгены згæхæрд лам/пæ дыдзы рухс малдта. КаэД-иу пец æрнымæг, уæд та-иу дзы суджы къæцæл- тæ бавæрдта Магда. Суанг æрдæгæхсæвтæм пецы бын фæхус кодта.нартхоры згъæлст. Райсом æй хъуамæ фæхæццæ кæна -куыроймæ. Æндæр фæрæз нæй. Сывæллæттæ къуымы, тæрхæгыл, дæлфæттæм-уæлфæттæм хуыссынц. Уыдон нæ зыдтой сæ мады зæрдæйы сагъæстæ, цы масты «ъуыбылой дзы сæвзæрд, уый. Æппынфæстаг райхъал йæ кæстæр фырт Баграт, рабадт, йæ цæстытæ аууæрста æмæсдзы- рдта: — Гыцци, бадгæ ма кæныс? Схуыс-ма, о, тæригъæд дæ... Кæнцод æз дæр сыстдзынæн... — Хорз, мæ.зæрдæдарæн, хорз. Æз дæр схуысдзынæн, ныр- ма раджы у. ^ Баграт ницыуал сдзырдта, фенкъард. йæ сау (цæстытæ до- нæй айдзагсты. Магда бацыд, барæвдыдта йæ, йæ сæры хъуын- тæ йын йæ армытъæпæнæй адаудта, базыл æй æрхуыссын код- та æмæ йæ хъæццулæй æрæмбæрзта. Цъусфæстæдæр афынæй Баграт дæр. * * * Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ нал х’ицæн кодта сидзæргæс. Нæлгоймаджы куыст дæр кодта æмæ сылгоймаджы куыст дæр. Сабитæ «æхсæв уыдисны рæзтысты æмæ бон та — уылынг». Куыспхъом фесты. Советон хицауад сæ, хъæбултау, барæв- дыдта. Бафтыдта сæ царды раст фæндагыл. Æххуыс сыч кодта хæлцæй, дарæсæй... Магда фæцæрдхъом. йæ хъæбулты цинæй йæхицæн бынат нæ ардта. Уалынмæ Додоты дæр сырæзт колосоз. Райсом-иу сæумæцъæхæй Магдайы фы»рттæ февзæр- дысты колхозы канторæйы раз. Сæхи æппæрстой куыстмæ. 352
Колхозонтæ сæ бауарзтой æмæ сыл сæ къух æвæрдтой. Григо- 1Я?Н ’йæ УД> йæ Дзæ»цц уыди хъæдкуыст. йе ’рмдзæф кæй хæдза- пыл нæ разынд, ахæм^иу дæр нал баззад. Арæзта колхозæн æх- ^сиадон хæдзæрттæ. йæ арæзт шифаиертæ æмæ буфеттæ, бан- ’азттæ аомæ стъолтæ ма абон дæр нымад цæуынц хъæубæсты хæдзарон мигæнæнты ’хсæн иууыл фидыцджындæртыл. Иудзыр- -æп, нарды бæркад, цыма, иочи Магдайы тъæпæн хæдзары чы- сыл рудзынгæй мидæмæ æштæрста, афтæ фендæр ис уавæр. Ра- æп кæмæ бæллыд, уыцы «æрзиуæгдæр ыл сæмбæлд —.хæдзары ьъуымты разылди дыууæ чындзы. Æргомдæр райхæлди сæ <цар- ды" уардийы дидинæг... Багратæн йæ рæстæг нæма уыди, йæ аз- тæфылдæр ныффыста æмæ афтæмæй, йæхи фæндæй, ацыди Сырх Æфсадмæ. Уый уыди хæсты размæ. Æрыздæхт... Сæххæст \одта йæ службæ. Уарзон есардта... Абон-асом кодтой чындзæх- . æвмæ. Фæлæ сæ уый дæр байрох. Ныггуыпп кодта хæсты арт. Лашпу йæ мады ахъæбыс кодта æмæ сдзырдта: «Цæуын æз, ^ьшци, æфсадмæ фæстæмæ, фæлæ фидар лæу, тагъд’ та дæм фæзындзынæн...» Араст, афардæг. Чи йæ зоны, йе ’взонг зæрдæ- !Ы цахæм цардбæллон ныфсы хъуыдытæ сæвзæрд, фæлæ йын сæ хæеты зæп фæласта... * * * Григол куысты уыд уыцы бон. Изæры фæлладæй æрбацыд хæдзармæ. Къæсæрæй куы бакаст, уæд йæ мады æнкъардæй ба- 1гæ ауыдта. Йæ цæстытæ туджы зылдысты. — Цы хабар у? Цы ’рцыди? — афарста Григол. — Ницы... Баграт та æфсадмæ афардæг. Дæумæ дæр нал Ганхъæлмæ каст... Адæм гуылф кодтой, цыдысты хæстмæ. Григол дæр йæ куыст пыууагъта. Къуыри раздæр йæ усæн райгуырд лæппу. Уыцы г>он ын сарæзтой авдæнбæттæн. Бацыд, йæ цæсгом ын райгом ^одта, дзæвгар æм æнæдзургæ, æдзынæгæй фæкаст, стæй сдзы- Гдта: — Гыцци, æз Дæр «цæуын хæстмæ... Æрмæст ацы саби дæ фæдзæхст фæуæд. Чысыл фæстæдæр Григолмæ йе ’мбæлттæ æрбадлырдтон... Араст сты. Адæймаджы фæндтæ хаттæй-хатт сапоны фынкæй уæлдай < е €ты. Афтæ рауадысты Багратæн дæр. Фашисттæ сæ быцъы- "аег скъуыдтой Одессæмæ. Бæстæ сау фæздæг фестад. Æхсæвæй- г>опæй уæлдæфы -къуыззитт кодтой судзгæ нæмгуытæ. Цалдæр "атты бацыд хъазуат тохы æмæ-иу знæгтыл фæуæлахиз. Фæлæ '^П’Пьгнфæстаг йе ’фсæддон хай фехъусын кодта: «Стыр хъынцъымшмæ уын хъусын кæнæм, уæ зынаргъ фырт, ^наджимæ карз тохты бацæугæйæ, хъæбатырæй мард фæци Кер- 1;ь^... Дзигойты хæдзарæй райхъуыст зæрдæхалæн .марой. Мады 23- 353
зæрдæйы «кардæй барæхуьшгой фашисттæ.» Цæстысыг доца^ мызт... Йæ кæстæр хъæбулыл уал скодта йæ фыццаг саутя)4 Магдайы зæрдæ Гртголыл æрынцад... йæныфсы мæсыгуыйуыд ’* Фæлæ та уый дæр хæсты уад Керчмæ фæхаста. Дыууæ хатты уырдыгæй æрæрвыста фыстæджытæ, фæлæ дзы 1943 азæй фæ0' тæмæ бæрæг ныхас нал æрыхъуыст. Биноитæ та райстой дыкк.аг сау гæххæтт: «Магда, дæ зынаргъ уарзон фырт иу æмæ Дыуу^ хатты мыййаг нæ фесгуыхт карз знаджы ныхмæ тохты, йæхъгх». батыр тохтьГтых.хæй йæ нæхицауад схорзæхджын кодта «Фыды- бæстæйон хæсты II къæшхæны» орденæй, фæлæ мард фæцп йа- хæдæг дæр». ’ Григолы уыцы тугахуырст орден ныр ис йæ фыртмæ, хæст- мæ куы раст кодта, уæд авдæнмæ |цы къуыридзыд фырты цæс гоммæ ныккаст æмæ йæ мадæн кæй бафæдзæхста, уыцы фырт Сосланмæ. Уый каст фæци уæлдæр окъола, нымад у кадджын ннженерыл.
Гаглойты Владимир , КУЫ БАХЪУЫД СÆР Фыдæй баззад ирон адæмæн: фæдисы хъæр фæцыд, уæд фæдисы фæстейæ ма баззайын. Æхсар æмæ лæджыхъæд ирон лæгæн йæ удыхъæды юты. Æхсар æмæ лæгдзинадæй фæстæ н,æ фæлæууыд Даигойты Тадиозы фырт Сардион дæр, куы бахъуыд сæр, нæ адæмæн йæ цард тæрæзтыл куы æрæвæрдæуыд, уæд Дзигойы фырт дæр хъæбатырæй æрлæууыдис цыфыддæр знаг — фашистон лæгмарджыты ныхмæ. Сардион райгуырдис 1918 азы Хуссар Ирыстоны Нагутнийы хъæуы. 1939 азы каст фæци Знауыры астæуккаг скъола æм,æ уыцы аз ацыди Сырх Æфсады рæнхъытæм службæ кæнынмæ. Службæ кодта Псковы 208 мотомеханикон полчы. Уыд рæнхъон салдат. Стыр Фыдыбæстæйон хæст æй æрæййæфта Омскы зенитон артиллерион ахуыргæнæндоны. Хæст цы бон райдыдта, уымæн йæ хæдразмæ бон каст фæци ахуыргæнæндон, райста лейтенан- ты чин. Фæдисы хъæр куы фæцыд, уæд, уадидæгæн, ахуыргæнæн- дон каст чи фæци, уыцы æвзонг кадрты æрвыстой æфсæддон хæйттæм. Сардион Омскæй æрвыст æрцыд Алтаймæ, Биискы горæтмæ. Уым арæзт уыд минаметон æфсæддон хай, нысан æр- цыд взводы командирæй. Хæстон ахуыры фæстæ æфсæддон ха- йы сæвæрдтой эшелоны æмæ сæ комкоммæ арвыстой фронтмæ. Фæлæ Сардионы йе ’мбал афицер Гугаимæ рарвыстой эшело- нæй æмæ сæ æфсæддон командæкæньшады бардзырдмæ гæсгæ арвыстой Новосибирскы æфсæддон окруджы дæлбармæ. Дзигойты афицерæн бахæс кодтой æфсæддон къордтæ цæт- тæ кæныны хъуыддаг% афтæмæй 1943 азы марты мæймæ Дз,и- гойты Сардион цæттæ кодта фронтæн хæстон къордтæ. Сарди- оны хъомылгонд хæстонтæ æнауæрдонæй дæрæн кодтой фашис- тон .абырджыты Фыдыбæстæйон хæсты æппæт фронтты дæр. 1943 азы марты мæйы Дзигойты Сардион ацыд фронты 355
раззаг хахмæ. Станковичы сганцы цур фыццаг хатт лæгæй-лæг- мæ сæмбæлд нæ фыдгул знагыл. Станковичы станцæн уыд ахсджиаг стратегиои шысаниуæг. Фашисттæ иттæг тынг хъахъхъæдтой станцæйы. Бирæ хæтты- ты станцæ цыд къухæй-къухмæ. Станцæ сисыны сæрыл тохты Дзигойты Сардионы взводы артиллеристтæ сæхи равдыстой ит- тæг арæхстджынæй. Ныппырх кодтой знаджы зынгон тæппытае æмæ комкоммæ æхстæй басыгътой размæбырсты рацæуæг зна- джы цалдæр танкæйы. 208 минаметон полчы сконды Дзигойты Сардион Станко- вичы станцы сисыны фæстæ бырсын байдыдта размæ. Ссæри- бар кодтой Моблин, Радо, Познань æмæ æндæр горæтты. Цæугæдон Вислайы сæрты ахизыны тохты Дзигойы фырт равдыста тыхджын арæхстдзинад æмæ хæстон æрхъуы- дыдзинад. Советон Æфсады чысыл къордимæ ахызт Вмслайы сæрты. Карз тохты бацахстой ахсджиаг плацдарм. Сардион рафæлгьуыдта знаджы тыхты равæрд æмæ рацийæ бардзырд радта йе взводы артиллеристтæн знаджы сæйраг тыхтæ скуы- нæг кæнынæн. Нæ хæстонтæ цы пл.ацдарм бацахстой, уым уыди дымгæйы куырой. Сардион йæ гуыбыны цъарыл знаджы нæм- гуыты бын бабырыди рациимæ куыроймæ. Схызт куыройы сæрмæ, уырдыгæй дзæбæх зындысты знаджы хæстон тыхты равæрд, афтæмæп Сардион не фсæддон хайæн хъусын кодта, знаджы тыхтæ цы бынæтты уыдысты, уый. Вислайы ардыггаг фарсæй ныннæрыдысты нæ сармадзан- тæ æмæ знаджы зынгон тæппытæ кæрæдзи фггдыл куынæг цы- дысты. Иурæстæджы знæгтæ бафиппайдтой, сæ хæстон тыхты ра~ вæрды тыххæй бæстон-бæрæг зонæнтæ куыройæ кæй лæвæрдæ- уы, советон æфсæддон хæйттæн, æмæ æхсын райдыдтой куыро- йы. Куырой ссыгъд. Æркалд йæ иу фарс, фæлæ Дзигойы фырг уæддæр нæ ныууагъта йæ раци, цалынмæ йæ хæс кæронмæ нæ сæххæст кодта æмæ куырой бынтондæр арты пиллон не ’суагъ- та, уæдмæ. Уыцы ран Дзигойты хъæбатыр афицер уæззау цæф фæци знаджы сармадзаны схъисæй. Куыддæрты ма йæ бон <баци судз- гæ куыройæ раирвæзын, стæй йæ цæстытæ <атарытæ сты æмæ йыл бæстæ баталынг. йе ’фсæддон хæйттæ ахызтысты Вмслайы сæрты. Ссардтой Сардионы уадзыгæй æмæ йæ, уайтагъддæр, арвыстой фæсчъыл- дыммæ рынчындонмæ. Уыцы тохты Вислайы сæрты ахизынæн не ’фсæддон хæйт- тæн ахъаззаг æххуыс кæй бакодта, æмæ знаджы зынгон тæп- пыты æмæ удæгас тыхты ньшпырх кæньгны хъуыддаджы æр- хъуыдыдзинад æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыста,' уый тых- | хæй Дзигойты Сардионы .нæ командæкæнынад с^орзæхджын кодта «Сырх Тырыса»-йы орденæй. 356
Рынчындоны хи сдзæбæх кæнынæн фаг рæстæг нæ уыди #мае та Дзигойы фыртæн йæ цæфтæ æххæст не сдзæбæх сты, яфтæмæй ацыд фронтмæ æмæ та бырсын райдыдта >не фсæд- дон хаимæ ныгуылæнырдæм. Варшавæйæн скæсæнырдыгæй фарс Пулавайы горæты сисыны сæрыл тохты Дзигойты Сардион хорзæхджын æрцыд «Сырх Стъалы»-йы орденæй. Дзигойты Сардион хайад иста цæугæдæттæ Буг æмæ’ Оде- ры сæрты ахизьшы сæрыл тохты. Хъæбатырдзинад æмæ лæг- дзннад равдыста Лебусы горæты æмæ Берлины сæрыл тохты. Афтæмæй 81 æхсæг дивизийы 268 мотомеханикон полчы æфсæддон хæйттимæ иумæ Дзигойты Сардион Стыр Фыдыбæс- тæйон хæсты йæ тох фæци Берлины æмæ æрыздæхт фæстæмæ уæлахизæй йæ фыдыуæзæгмæ. йæ хъæбатыр риуыл æрхаста далдæр хæстон хорзæхы, йæ буарыл та — фондз нæмыджьт цæфы, афтæмæй. Ныллæууыд сабырадон цард. Советон адæм гас кæиын рай- дыдтой сæ уæззау хъæДгæмттæ. Алы ран дæр райтынг ис нæ хæдзарад сæндидзын кæныны сæрыл хъазуатон тох. Хæстæй æрыздæхæг салдæттæ систой сæ хæстон хотыхтæ æмæ счъилды- сæй æрæвнæлдтой топпыхосæй арыд æрмттæй сабырадон цард аразынмæ. Ам дæр та йæхи цæсгомджынæй равдыста Дзигойы фырт. 1957 азы Коммунистон парти æроидти советон адæммæ, цæ- мæй Алтайы æмæ Казахстаны баоæттой зæрæстон зæххытæ. Советон адæмы хуыздæр фырттæ æмæ чызджытæ стыр хъæппæ- рисæй сæмбæлдысты нæ партийы æрсидтыл. Фæстæ нæ баззад ацы ран дæр Дзигойы фырт. Хуссар Ирыстоны разагътайы фæ- сивæды сæргъ слæугæйæ, ирон лæппутæ æмæ чызджыты фыц- цаг къордимæ ацыд Кустанайы областмæ æмæ Пресногорскы районы Белоглинкæйы хойраджы совхозæн æрывæрдтой йæ бындур. Зæрæстон зæххытæ сæттьшмæ чи хъуамæ æрцыдаид, уыцы фæсивæдæн аразын байдыдтой цæрæн хæдзæрттæ. Ирон фæсивæд, <сæ сæргъ Дзигойы фырт, афтæмæй сарæзтой фыццаг уьшг .æмæ йæ рахуыдтой «Осетинская». Абон дæр ма уыцы уынг æвдисæн у, ирон фæсивæд зæрæстон зæххытæ басæттыны хъуыд- Даджы цы хайбавæрд бахаста, уымæн. Дзигойты Сарди, хæсты æмæ фидыдады салдат, кæмдæрид- Дæр уа, алы ран дæр йæхи æвдисьт намысджынæй, йæ туджы ис æхсар æмæ лжгдзинад, уарзы цард æмæ царды сæрьтл нæ ауæрлы йæ тых, йæ зонд æмæ йæ хъаруйыл. НыртæккёР да?р кусы Тбилисы æрдзон газы гуырæ’нт.тагурæн экапедицийы бура^- гач^æ^жы æххуысгæнæгæй. Кæмдæриддæр, хæсты быдыры æви сабырадон царды, бæс- тон бæрæгæй зыны Сардийы къухты фæд, амондджын къухты фæд у цард æмæ амоидхæссæг къухты фæд. 357
Асаты Реуаз НÆ, ДЫ МАРД НÆ ДÆ! Ме 'мз,æххон, мæ иубæстон лæлпу, Лазар! Байхъус-ма мæм, ды <мæ карæ,н дæ, дæ рын бахæ,рон! Ды цы скъолайы ахуыр кодтай цæгатирыстойнаг хъæу Дур-Дуры, уый кæргы лæууыс æмæ фæлгæсые дæ уарзон райгуырæн уæзæгыл. Ды цы къласы бадтæ, уьщы хатæнмæ сæууон хуры зæрин тынтæ '.рба’кастысты. Æвзонг лæппу- сыстад (’нæ зонын, чизоны, де ’рвадæлтæй у) æмæ, рудзынгæй дæ цыртмæ кæсгæйæ, дзуры й<т урок: Мæ цæстытыл уайыс Дур-Дуры — Мæ бæстаг ирон лæджы фырт. Нæ уагътай ызнагæй дур-дурыл, Домбайау, уыд размæ дæ бырст. Дæ зæрдæйы кусынмæ хъуыста Дæ фæскомцæдисои билет. Дæу разæнгард кодта ысгуыхтмæ Йæ цъæх цъарыл Ленчны фенд. О, бæгуыдæр афтæ уыд. Фæскомцæдисонæй ацыдтæ сæр- бахъуыды дуджы лæгæвзарæн тохмæ. Даз зæрдæйы демæ ахастай дæ диосаджы Райгуырæн бæстæйы фæлгондз, йæ хæх- тæ, йæ быдыртыл, Къосга, царвау, кæмæн тад, уыцы уарзон Ирыстоны рæсугъд сурæт, де '«мхъæуккаг, адæмон нывгæнæг Тугъанты Махарбег афтæ зæрдиаг æмæ аивæй кæй ныв кодта, уыцы æрдхæрæйнаг къуымы æнæкæрон уарзондзинад! 358
О, ме ’мцахъхъæн, ме’мкар æфсымæр! Хæххон Терчы ивылд ^нтау, знæгтæй абырстай ды, Сырх Æфсады æвзонг лейтенанг, ВоРонеЖЫ ,Г0РæтгæРан кусджыты цæрæнуатон ра’йоны дæ хæс~ 0цты размæбырст чи хъыгдардта, знаджы уыды зынгон тæппы- æм. Уый уыдис донбылгæрон. Немыцаг-фашистон пулеметчик ,'хуарæгау æхста. Ды абырыдтæ дæтуыбыны цъарыл йæ ныхмæ. уын уыдис сæрды тæккæ тæмæны — 1942 азæн раст йе ’мбисы. ^æстæ тæвды дзæгæрæг кодта. Нæмгуытæ зæрдæхалæн æхситт • одтой. Дæ хидæй зæхх сумæл. Ды уыцы дуджы иунæг уыдтæ. ^Евæдза, иунæг та куыд? Дæ зæрдæйы уыдис дæ уарзон Ирыс- юны удæгас фæлговдз. «Дæ зæрдæйы кусынмæ хъуыста дæ ^скомцæдисон билет». Бабырыдтæ дзотмæ. Пулеметы цæхæр «нæмгуытæ къæр-къæр ьæнынц: тæ-тæ-тæ, тра-та-та-та!.. Дæ сæрыл схæцыдтæ йæ лу- лæйы тæккæ бын. Цæсты фæныкъуылдмæ йæм фæгæпп .кодтап. Да> риуæй 1йын йæ дзых ахгæдтай: Фæтых дæ ды, Дзоты фырт, дзотыл, Дæ хæстонтæи акодтай фæд. Ныххаудтæ æхсгæ пулеметыл, йæ хъуыры фæбадтис йæ фæнд! Мæлæтдзаг цæфтæ фæдæ. Фæлæ дæ хæстонтæн фæндаг ай- м’рсгай. Де ’мбæлттæ дæ-м сæхи баппæрстой, фæлæ сын бар- 1зырд радтай: «Ныууадзут мæ — пулемет ма кæмдæр кусы!» Æмæ автоматчиктæ дарддæр абырстой: — Ура! Мæлæт немьщаг абырджытæн! Фыдызнагæй рай- сæм нæ уарзон комаадиры туг, нæ адæмы уыраугæ маст! Æмæ дæугæдонæнйæфаллаг фарс бацайдагъысты джебогъæй кар°» го\тæ... Дыфыддæр знаг састæй лыгъдис фæстæмæ, тохы бы- лыры бирæ мæрдтæ æмæ хæцæнгæрзтæ уадзгæйæ. \ Дæ цæфтæй туг фемæхст. Дæ сырх туджы ’ртæхтæй гæх- \æтты гæбазыл ныффыста’й ныстуан дæ адæммæ æмæ йæ дæ Фæскомцæдисон билетимæ радтай де ’мбæлттæм: Æмæ ныр куы лæууы мæ разы, Мæ бон дзы нæу сисын мæ цæст. Æлгъыст нæмыг инпæрдæм ахызт,— Цы зæгъон? Æгъатыр у хæст... Уыцы фыста^г ’ныр æвæрд у ÆЛФКД ЦК архивы (æмбырд- (,нд 1, «Фæскомцæдис Фыдыбæстæйон хæсты», 40-æм сыф). Ды дзы фыссыс дæ ныййарæг мадмæ, дæ фæстагæттæм афтæ: «Мæ адæммæ. Советон адæмæн службæкæнгæйæ, мæ фæстаг туджы ’рта- >и онг тох кæнын советон зæххы цыт, сæрибардзинад æмæ 350
хæдбардзинады сæрыл. Æз æнувыд дæн, ме ’стыр адæмы ца;*с~ гомы раз цы хæстон ард бахордтон, ууыл. Мæ царды фæстаг сулæфты онг мæхи нымяйын адæмы-иузæрдион фыртыл. Размæ, Райгуырæн бæстæйы тыххæй! Лейтенант Дзоты фырт». Ирон адæмы бæгъатыр фырт, дæ ацы æрдхæрæны дисса- джы сгуыхтдзинады хабар æз æмæ ме ’мхæстонтæ фехъуыс- там Цæгат Кавказы ф,ронты, Кубаны быдырты. Уый фехъуыста номдзыд Матросов, Уый фехъуыста ’взопг Кошевой... Æз нæ зоныи, ахæм сгуыхтдзинад ма да> размæ исчи сарæз та, уый, фæлæ уымæл (ома 1942 азы 15-æм августæй) раст æр- лæт афæдз фæстæдæр — 1943 азы 23-æм февралы уырыссаг адæмы бæгъатыр фырт Александр Матросов дæр, дæуау, æхс- гæ пулеметыл йæ риуæй ныххаудта æмæ йын нæ хъуыры фæ- бадын кодта пæ фæнд. Уый уыдис 25 азы размæ — æпусы цыппæрæм хайы агъон- мæ. Дæу схуыдтой «Ирон Матросов». Дæу тыххæй мæскуыйаг газет «Комсомольская правда» 1942 азы 11-æм сентябры ным- мыхуыр .кодта сæрмагонд раззаг уац, «Ирон лæппу Дзоты фырты ардбахæрд», зæгъгæ. Йæ фарсмæ рахизырдыгæй дæ хуызист. Дæ нывы бын дæ тугæй фыст ныстуан, «Мæ адæм- мæ», зæгъгæ. Кæсын дæу тыххæй раззаг уац, дæ ныстуан æмæ хъуыды кæнын, мæ сæры хилтæ барц сбадтысты, афтæмæй: цымæ æцæг ахæм диссаджы сгуыхтдзинад адæймаг сарæзта?!. Мæ ^разы та ногæй ис ауал азы фæстæ уыцы газеты раззаг уац. Кæсын æмæ йæ кæсын ногæй: — Æвзонг хæстон! Ныккæс-ма фæскомцæдисон Дзоты фырты ныфсхаст цæсгоммæ. Бакæс-ма йын йæ мæлæты агъои- мæ фыстæг.- Уый хъайтары æмбæлттæ райстой фæскомцæдисон билеты хуылфæй æмæ йæ æрæрвыстой «Комсомольская прав- да»-мæ. Мах хъæбатыр ирон лæппуйы фыстæг мыхуыр кæнæм, райгуырæн бæстæ хъахъхъæиæг, ныма дæумæ æрвыст ардба- хæрд у, афтæ... Автоматчиктæ фæстаг немыцаг пулемет куы скуынæг код- той, уæд аздæхтысты сæ лейтенантмæ æмæ -йын йæ цæфтæ ба- пастой. Фæлæ знаджы ммнайы æфсæйнаджы хæлæн схъис фа^- мард кодта Дзоты фырты. Æмæ æнæуынон знагмæ фыд-зæрда? .хæстонтæ дарддæр ацыдысты размæбырсты. Уыдон бабырстоп хъæумæ ле^мæ йæ сæрмæ сфæйлыдта, уы.м Дзоты фырт сдарьиг мæ кæй хъавыд, уыцы сырх тырыса. Уадз æмæ ацы дзырдтæ фæхæццæ уой дард хæх^хон Дур- Дуры хъæумæ, уадз æмæ намысджыи хъæбатырты хæлæрттæ ЗСО
æмæ ныийарджытæ базоной, Ирыстоны бæгъатыр фырт куыд дард æмæ куыд тох кодта, уый! Уадз, æгас Кавказ арфæйы дзырдæй ссарæд хъайтары рухс ном. Уый ацы зын æмæ уæззау бонты ногæй равдыста, цас æвзыгьд æмæ 1\ъаруйы хицау сты сæри’баруарзаг хæххон адæм, уый. Ирыстоны стыр поэт Хетæгкаты Къоста фыста: «Цæннæфæлтау, сæрибар адæм, Цагъарæй туг калæм æлдарæн. Фæлтау нын амæлæт — хуыздæр!» Уын хъæбатыр хæххон адæммæ сидтмс, цæмæй «сæ хай уа æхсарæй, топпыхосæн, здыйæ» фылдæр. Æ>мæ ныр, иугæр скъуыддзаггæиæг тохты сахат куы ’рлæууыд, уæд бæгъатыртæ дунейæн фенын кодтой, сæ боп кæй у диссаджы æхсар равци- сын сæ хæлардзинады охыл.:. Æмæ хæдæфсæрм, хуымæтæг лейтенант Дзоты Лавренти йæ зæрдæмæхъарæг фæдзæхсты равдыста, канд йæхи хъуыдытæ нæ, фæлæ ма йæ бæгъатыр адæмы æвзонг фæлтæры хъуыдытæ дæр. ...Дзоты фырты Кавказы хохрæбынты нæ, фæлæ Доны былгæрæтты кæй бахъуыд хæцын, уый цы давы? Уый зыдта. йæ райгуырæн уæзæг йæ (райгуырæн хъæуы хъыомæт ам дæр кæй скъуыддзаг кæны, уый. Æмæ æепæт йæ дард йæ фæстаг сулæфты онг радта Ряйгуыраен бæстæйæн. Ноджыдæр æмæ ноджыдæр бакæс лейтенант Дзоты фырты фæдзæхст, æвзонг хæстон! Дæ зæрдыл бадар уыцы фæдзæхсты алы дзырддæр.Æмæ ды тохы куы бацæуай, уæд-иу æй æры- мыс. Дæуæн -мыййаг зын куы уа тохы быдыры, уæд-иу сфæл- хат кæн уыцы фæдзæхст. Уый дын, дæ хистæр æфсымæры амындау, дæ райгуырæн бæстæйы фæдзæхстау, де ’мдзу кæн- лзæн тохты, базыртæ дыл садздзæн, дæ тых дын дывæр кæн- дзæн. Уымæн, æмæ дунейы мндæг Фыдыбæстæмæ уарзондзи- над æмæ уæлахизы ныфсæй тыхджындæр æмæ хъомысджын- дæр ницы ис! Мæ иубæстон, ме ’мкар, ме ’мцахъхъæн лæппу Лазар! Советон адæм уæлахизæй рацыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй. Сæрибарæй та сулæфыд дæ раигуырæн уарзон Ирыс- тон дæр! Дæ хъæумæ бирæ æдзард æмæ зынгхуыст фырттæ нал сыздæхт æвирхъау хæстæй. Фæлæ сымах мард не стут! Ды цы къласы ахуыр кодтаГг Дур-Дуры, уым сыстад фæском- иæдисон ахуыргæнинаг, лæгæвзарæн тохы хъæбатырæй фæ- марду.æвæг хæстоны фырт æмæ дæм дзуры, удæгасмæ дзурæ- гау: Ды бирæ. æвзонг удты бæсты Æрхастай нывондæн дæ сæр. 361
Æрвнæрæгау.атахти фæзтыл Дæ кады ном зарды хуызæн! Лæвæрд дын куы уыдаид æрдзæй» Дыууæ цæрæнбоны, уæд та? Уæддæр сæ, æз зонын, уырны мæ, Ды радтаис мах сæрвæлтау! Ды æмæ дæ хуызæн хæстон бæгъатыртæ’ радтой зынгæ уы- рыссаг фыссæг Петр Павленкойæн ирон адæмы тыххæй афтæ зæгъыны бар æмæ фадат: — Дзырд «ирон» зæрдæбынæй фæзæгъынц Фыдыбæстæ- йон хæсты æппæт фронтты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи рав- дыстон хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй!
Хасанты Д1 ЦЫППАР СÆФТ ХУРЫ Бады зæро’нц, сылгоймаг рудзынджы цур. Сæрыхъуынгæ аурс кодта азты халас, цæсгомы ’нцъылдтæ ныхæстæй бæлвырд- дæр дзурынц йæ карыл. Дæрзæг къухтæ иугай исынц, ивгъуыд бонты улæфт кæй фæбур кодта, ахæм хуызистытæ. Зæронд ус сæм лæмбынæг æркæсы, арф ныуулæфы æмæ йæ фæлладгъуыз цæстытæ уынгмæ нымдзаст вæййынц. Арæх фенæн ис афтæмæй зæронд Фаризæты. Иунæгæй куы аззайы хæдзары, уæд та хъуыдыты аныгъуылы, ахæссынц æй сусæг æнкъарæнтæ йæ рагбонтæм. Цæстытæ ацахсынц зонгæ царды »нывтæ... Мæнæ хъæлдзæг, æрыгон чызгæй ссардта нæ амонд Дзугаты Саламимæ. Рацыдысты боитæ, афæдзтæ, а*мæ хæдзары фæзындысты чысыл сабитæ. Сывæллæттæ бахъомыл сты, байрæзтысты цыппар фырты. Цы стыр циндзинад уыдыстьг Салам æмæ Фаризæтæн, фыццаг сæ хистæр фырт Михалы, стæй та Аслæнбеджы номыл сæ къæсæрыл чындзытæ куы ’рбахызт, уыцы бонтæ! — Чи куывта Æрыдоны, уый — сымахæн, — дзырдтой ный- парджытæн сыхæгтæ. Æмæ, æцæгдæр, амондджын хуыдтой сæхп Салам æмæ Ф?- ризæт. Сæ хистæр фырт Михал сси Коммунистон партийы уæ«г, бæрнон бынæтты кусæг. Кæстæр фырттæ — фæскомцæдисоитæ куыстой хъазуатонæй хъæууон хæдзарады. Тох кодтой цыппар ^фсымæры рухс фидæныл сæ иузæрдион фæллойæ. Ралæууыд 1941 азы июнь. Хæсты тымыгъ Аслæнбег æма* пæ кæстæр Тæтæрхъаны æрыййæфта Сырх Æфсады рæнхъыты- æмæ сæ ахаста, цард æмæ мæлæты æхсæн цы тох бацайдагъ; уый артмæ. Хæстæн йæ дыккаг бон ацыд йæ тæссаг фæндæгтыл Михал. йе ’ртæ хистæр æфсымæры фæстæ ныууагъта йæ рай* гуырæн хъæу Костя дæр. Æмæ бахауд Тбилисы хæстон скъо- ламæ. Ацандагъ сты нæ бæстæйæн уæззау фæлвара>н бонтæ. Мæ- лæт æиæ тæригъæдæй скъуыдта царды тынтæ, хæсты быдырæй 363
ДЗУГАТЫ ЦЫППАР ÆФСЫМÆРЫ АСЛÆНБЕГ МИХАЛ ТÆТÆРХЪАН КОСТЯ 364
^ъуыстысты уæззау хабæрттæ. Уыцы фыццаг болты хæцæг æф- садæй райстой фыстæг Салам æмæ Фаризæт. Цыбыр писадойы алы ныхас да>р, хъамайы рæхуыстау, агайдта зæрдæ: «Зынаргъ ныййарджытæ, хæцут уæхиуыл, бабыхсут æнамопддзннадæн:.. Уæ фырт Дзугаты Тæтæрхъан, танкты взводы командир, Рай- гуырæн бæстæйы сæрвæлтау тохы хъæбатырæй фæмард Бело- русснйы зæххыл». Бирæ рæстæг нæ рацыдис, нæма бахус сты ныййарджыты цæссыгтæ, æмæ та—дыккаг фыстæг Ленипграды фронтæп: «Хъыгзæрдæйæ уын хъусын кæнæм, уæ фырт Дзугаты Аслæн- бег»... Уæдмæ каст фæцис хæстон «скъола Костя. Тохы фæн/:аг кæстæр лейтенанты ахаста Сталинграды фронтмæ. «Æхсæвæй-бонæй ихуарæгау .кæнывц нæмгуытæ. Бомбæты уьшæргъынмæ акъуырма вæййынц хъуотæ. Цас хорз æмбæлт- ты атыдта мæлæт не ’хсæнæй, фæлæ нæ атондзæн иæ тых, не ’ууæнк рæстдзииады уæлахизыл. Горæтæп хъæд-хъæдыл нал лæууыд, дур-дурыл, фæлæ цæры, тох кæны, мæлæтдзаг тох. Нæ горæт уыд æмæ уыдзæн .нæхи!» — афтæ фыста Къоста фæстаг Л’исмойы йæ ныййарджытæм. Уыцы æнæмæлгæ æууæнкимæ фæ- мард Сталлнграды. Хæстон фæндæгтæ раппар-баппар кодтой æфсæддонты. Куы лу ранæй, куы иннæ ранæй ошсмотæ цыдысты Михалæй. «Цы фесты ме ’фсымæртæ, куы ницыуал хабар сæ исын?..» — фарста йæ бинонты. Æфсæддон хæйттæм дæр фыста, фæлæ хæсты змæстыты кæм йæхи писмотæ не ’мбæлдысты, кæм та уыдон дзуаппытæ. «Кæмдæр мæ хъуыр нылхынцъ, къух нал тасы писмомæ дæр, — фыста Михал, æппынфæстаг, 1943 азы, куы базыдта йо ’фсымæрты хъысмæт, уæд, йæ цардæмбал Любæмæ. — Цы ма дæн ныр, хæххон цæргæсау — мунæг, æртæ ’фсымæрæн, баззад- тæн сæ фæстæ. Х^гсты тымыгъты куы нæ фа^мард уон, мыййаг, уæд»ма куыд бакæсдзынæн мæ ныййарджыты цæстытæм-, куыд сыздæхдзынæн æнæ мæ кæстæртæй Ирмæ? Æрмæстдæр ма зæр- дæ барухс вæййы, хъæбатыртæй кæй фæмард сты, уымæй. Уыр- нæд дæ, цалынмæ æгас уон, уæдмæ райсдзынæн «нæ мæстытæ нæ цардхалджытæй, бафиддзысты ма нын фашисттæ нæ уæз~ зау æфхæрдтытæ сæ тугæй...» Цыбыр рæстæджы фæстæ та Салам æмæ Фаризæтмæ фыс- той хæсты быдырæй: «Зынаргъ иыййаоджытæ, уæ сæр бæр- ^æндты хæссут, цин кæпут. Уæ фырт,хæстон ишмиссар, капитан Дзугаты Михал у нæ Райгуырæп бæстæйæн аккаг фырт, зонд- Джьин æмæ хъæбатыр æфсæддонты æмæ командирты тохы уар- зон æм<бал. Фæстаг атакæйы йæ къухæй æртæ афицеры æмæ Дæс немыцаг салдаты мард кæй æрцыд, уый тыххæй йынтагъд 365
лæвæрд æрцæудзæн «Сырх Тырысайы» орден. Бузныг, æгантма схъомыл кодтат ахæм |фырт». Нал сæййæфта уыцы цины уац Саламы, нал ын барухс код- та йæ рыст зæрдæ. Фаризæт та йæ цæссыгтæ сæрфгæ сусæгæй дзурæгау кодта: «Судзы-ма, судзы, мæ хуры тынтæй иу»... Хæсты улæя дардæй-дарддæр згъордта ныгуылæнмæ. 1945 азы февралы Михал фыста*: «Не ’фсæддон хай Будапешты дуармæ лæууы, а-дыууæ боны горæт райсдзыстæм. Баззад ма нымад бонтæ уæлахшмæ æм«. нæ фембæлдмæ»... Фæлæ налфедта ^Михал дæр, йе ’фсымæртау, уæлахизыорн- дзинад. Æрхауди тугкалгæ Венгрийы тохы тымыгъы нæ Рай- гуырæн бæстæйы сæрвæлтау.
Фæрниаты Дзибуси УÆЗЗАУ ФÆНДÆГТÆ Чи уыдис фыд? Цард алы адæймагмæ иугъуызон нæ ракæсы йæ цæстæй. Иутæн’ сæ фæндагыл, цыма гауызтæ байтауы, иннæтæм та ра- кæсы сындазæрдæ æмæ хъуынтъызæй. Æмæ, гъе, афтæ æгъа- тыр кæмæ разыны, уыцы адæмæй уыдис Дзукъаты Датъе дæр. Цард ын балæвар кодта гæвзыккдзинад, йæ къухты йын ныс- •сагъта мæгуыры лæдзæг. Цæй зынхæссæн уыди, цæ, уыцы лæ- дзæг! Нæ йын æрæвæрæн уыди, нæ аппарæн. П^ддзахы дысæрон цæргæс, милиуангай æндæр мæгуыртау, Датъейы^ дæр ныссагъта йе ’ндон ныхтæ æмæ йын йæ зæрдæ, йæигæр æвдæрзта. Ч,и сæ зоны, цал^хатты æрбазындысты ти- гъæй хъæумæ хъалонисджытæ... Бирæ хæттыты йын афистæг кодтой йæ хæдзар. Дзæвгар ехсы цæфтæ бавзæрста лæгм^ар æл- дæрттæй, пъырыстыфтæй æмæ хъæуыхицæуттæй. Фæлæ уæд- дæр тындзыдта цардмæ, агуырдта йæм фæндæгтæ... Хуссар Ирыстон... Датъе уæлыгæс æмæ фыййауæй схъо- мыл Челиаты. йæ фыдæлтæй йын баззад иу бонгæнд хуым. Цæй фæцæрæи уыд ахæм зæххы гæппæлыл... Бирæ фæрахау- бахау кодта Гуырдзыстоны къуымты цардагур. Никуы æмæ ницы. Алчи йæхи уды катайыл уыд. Фæстæмæ Челиатмæ? Æмæ уырдыгæй æхсæвыгон йæ сæр куы фæхаста. Æрбаздæх- ти. Æр’мæст йæ райгуырæн хъæумæ нал. Челиатмæ хæстæг ис чысыл хъæу Згъуыбир. Хъæууат .адр ма йæ хонынц. Иьр сйермæ хохы сынæгыл ис комгонд, Тæнхъæд, зæгъгæ. Уырдæм йæ ныфс никуы ничи схаста. йе ’ссæуæнтæ æМæ йе ’рцæуæнтæ Сты пыхс, къул æмæ тархъæд. Нæй йæм фæндаг. Фæлæ Дзу- къайы фырт æрцарди Тæнхъæды, хъæды астæу йæ бинойнаг Калонимæ. Сырдонцъиутæ æмæ хъæддаг сырдты йедтæмæ йа^ алыварс адæймаг змæлæг нæ уыд. 367
ДЗУКЪАТЫ ЦЫППАР ÆФСЫМÆРЫ АЛЫКСАНДР, ГЕРАС, НИКЪАЛА æмæ ДЗЫБО 368
Лæг фæразон, амалджып у. Цардæп ничердæм ис ллдзæн. Датъе бацъупп кодта хъæдын хæдзар, æхсæста хъæд, арæзта уыгæрдæнтæ. Гæмæх æрдузтæм тæсчъы мидæг йе ккой хаста сыджыт, скодта хуымтæ, тыдта дзы хъæбæрхор. Хъæддаг æгæнон æрдзьь риуыл йе скъуыд къухты уырз- пгй, йæ хиды æртæхтæй гуырын кодта цард. Цалдæр азы фæ- хъизæмар кодта.ацы æлгъыстаг ран. Адæмæй дард кæй уыд, уьтмæп тынг фæлмæцыд. Ноджыдæр ма дзы уыд æндæр бæл- лæх: зымæг-иу дзы нуазыны дон нал уыд. Суадон-иу æрхы зæ- пы бын фæци. Пецыл тайын кодтай М1ит. Фосæй, адæмæй ноз- той митдон. Ахæм уавæры зын бафæразæн уыд. Датъе ныу- \ агъта Тæнхъæд. Стыр тыхтæ кæм бахардз кодта, уыцы зæхх, \ыцы хæдзарæй сыстад. Хъæугæрон та бавнæлдта хæдзар кæ- нынмæ, сарæзта та ногагъуыст. Уæдмæ бабирæ сты йæ сывæллæттæ, цыппар лæппуйы — Алыксандыр, Герас, Никъала, Дзыбо æмæ иу чызг. Фондз ;рнахъом сабийы, йæ ус, йæхæдæг... Авд бинойнаджы. Дарын сæ хъæуы... ’ Хæрпнаг, дарæс, хуыссæнгарз, цæхх, фæтæген, -уг... Паддзахы уæззау хъалонтæ. Цы гæнæн уыди? Æмæ уал- лзæг — рувынафон, фæззæг — нартхор æфснаныны рæстæ- лжыты Датъе арæх цыдис Цæгат Ирыстонмæ. Хъæздыджы- гæм-иу ныллæууыд æххуырст. Боныцъæхтæй-иу хурныгуылт,- мæ пæ астæу не сраст кодта. Кæд ын зын уыд, уæддæр йæ тых '?æ састи. Рæстæг фыдазтæ, фыдбонтæй æрвыста. Дзукъаты Датъейы бинонтæ кастысты æлхæнæггаг, æрхæссæггаг къæ- бæрмæ. — Бабын уай мæгуыры сфæлдисæг, кæдмæ афтæ хъизæ- мар кæндзыстæм, — арæх-иу йæ цæссыг æркалд Датъейы ус Калононæн, йæ мойы уæззау тухитæм кæсгæйæ. — Ма тыхс, кæд искуы мах рад дæр æрцæуид, — арф-иу иыуулæфыд Датъе. Фæлæ та, цы ’нхъæл нæ уыд, ахæм бæллæх... 1920 азы меньшевиктæ ныббырстой Хуссар Ирмæ. Кард æмæ зынгæй гæрзтой сæ развæндаг.’Бæстæ гæндон кодтой. Басыгътой Дзу- къаты Датъейы хæдзар дæр. Фæхауæг æд сабитæ Цæгат Ирмæ... • Ногæй та хъизашар, хъеллауаг цæрдтыт-æ... «Цæрдзыстæм», — загъта Бæстæ æрсабыр. Советон хицауад æрфидар. - Лыгъд адæм Цæгат Ирыстонæй -здæхтысты Хуссар Ирмæ — сæ кæмттæ, ^æ хæхтæ,сæ хъæутæм. Æрцыд фæстæмæ Датъе дæр. Никуал ^м цццы ис, нал фос, нал агъуыст, хæринаг. Фæлæ кæддæры æлгъыст заман нал у. Æрлæууыд советон ^уг, мæгуыр, ссæст адæмты сæрылхæцæг. Хицауад тыхст ^Дæммæ бадаргъ кодта йæ дом^ай къух. Æмæ та Дзукъайы фырт дæг» Згъуыбиры йæ сыгъд уæзæг °ндцдзын кæнынмæ бавнæлдта. Цыдæп мадзæлттæй та сарæз- 24ч- 369
та йæхицæн агъуысты къуым. Æрлæууыди та йæ риуæй зын- дзинæдты .ных-мæ. Йæ къухтæ та иуран нал æвæрдта... Кусгп\ тухитæ, амал... Уæдмæ рахъомыл сты йæ цыппар фырты. Сæ фыдау ра- цыдысты бонзонгæ, хæ-рзатъдау, æууæнкджын, къухæй арæхст- джын. Хъæубæстæ сæ хæххон уæйгуытæ хуыдтой. Зымæг цыдысты Згъуыбиры скъоламæ. Сæрд та-иу мыздыл иыллæу- уыдысты фиййæуттæ, хъомгæстæ. Афтæмæй Дзукъаты хæдзар хæдзархуыз бацис. Бинонтæ фæстæдæр ралыгъдысты Ногир- мæ, куыд фæзæгъынц -- хор хæрынмæ. Сыстад тугтымыгъ Цы уыд Згъуыбнр? Арвæй йæм хъугдзармыйас нæ зыны. Хурхы нарæджы хуызæн уынгæг ком... Æмæ згъуыбнраг лæп- лутæ уæрæх быдырмæ раирвæзтысты. Фæдис сын фадат, се ’уэенгтæ кæ»м айвазой, сæ хъару кæм равдисой, уымæн. Арф батылдтой сæ дыстæ, цардæн сæхæдæг систы хицæуттæ. Алык- сандр ссис садойнаг æрзæткъахæг. Кæддæриддæр ын йæ ном фенæн уыд Кады фæйнæгыл. Герас æмæ Дзыбо иттæг зæрдиа- гæй бавнæлдтой колхозы быдырты кусынмæ. Никъала йæ уды йас бауарзта трактор. Æмæ йæ Ногиры колхозы правлени арвыста курсытæм ахуыр кæнынмæ. Зæр- дæргъæвд лæппу. сбадт æфсæн бæхыл. Ногиры быдырты, æх- Сæв-бон нæ хынцгæйæ, фæлдæхта зæхх. Цæй æнæзæрдæхудт æфсымæртæ уыдысты, цæй тынг сæ бауарзтой хъæубæстæ, цæй хорз сыл фидыдта адæмы хор- зæх... Кæддæры гæвзыкк Дзукъатæ нæргæ хæдзарæй агæпп ластой. Фос, хор, картоф, мæнæу, халсар — ныккæнæн дæр сын нал уыд. Ног хæдзар... Амæй-ай сахъдæр фырттæ! Фæ- зынди сæм чыидз дæр — Алыксандрæн æрхастой ус. Цард æмæ Дзукъатæ кæрæдзи ссардтой. Датъе ферох кодта йæ бн- рæ дудгæ бонтæ, æххормаг азтæ, йе ’мпъызт кæрцы къæрит, стъæлд фæндæгтæ. 1941 аз... Зæххыл скодта æлгъыстаг бонтæ. Ныгуылæнæй еыпад тугтымыгъ. Фыдæбоны хæст йæ бындзарæй нызмæлын кодта æмæ фе* хæлдта Дзукъаты Датъейы сабыр цард дæр. Фæдисы заманы куыд хъуамæ фæлæууыдаиккой фæсте Дзукъаты лæппутæ. Ныууагътой сæ хæдзаг), сæ зæронд ныййарджыты æмæ араст сты хæсты быдырмæ. — Кад æмæ-иу худинаг алы къахдзæфыл дæр уæ зæрдыл дарут, лæджы нам кæй хæссут, уый уæ макуы ферох уæд. Тых- гæнæджы раз макуы æркъул кæнут уæ сæртæ, — амыдта зæ- ронд фыд, сæ уæнгты тых æмæ хъару кæмæн бауагъта, уыцы цыппар хъæбулæн. Цыппарæй дæр ацыдысты салдаты уæззау фæндагыл. Сал- 370
чаты хæс баххæст кодтой, фæлæ сын салдаты фæндагыл кæрон- маз ахæццæ уæвын нæ бантыст. Цьг уæлахизы сæраппонд хæ- цыдысты, тугтымыгъы лыхмæ, уымæн йæ рухс хуры скаст нал федтой. Алыксандр бирæ хæттыты хызти цæхæр æмæ пилло- пы сæрты знаджы ныхмæ. Бирæ уæззау цæфтæ фæци. Удмидæ- пгй ма æнæбары схæццæ Ногирмæ, фæлæ бирæ нал ахаста. Хъæбатырæй цыд хæстоны гуыргъахъ дурвæндæгтыл Дзы- бо дæр. 1943 азы фæмард. Герас хæцыцис Карелы фронты. Фæцæф. Хуыссыд госпиталы. Фæстаг фыстæг ма дзы райстой /Китомирæй. Стæй хæсты цæхæры басыгъд. Кæй риу фæразы хъæбулты мастæн — æмæ хæсты фæудмæ ’ввахс Датъе дæр ахицæн ис цардæй. Цардмæ какон сындзæн æхгæд фæндæгтыл чи цыди, йæ сæрыл афтæ карз тох кæнын чи зыдта, æмæ йæ афтæ бирæ чи уарзта, уыцы куыстхъом фып, я?мæ йæ гуырвидауц фырттæ нал федтой кæрæдзи... Ногирæгтæ нæ рох кæнынц Датъе æмæ йæ сахъ фыртты, сæ рухс нæмттæ сьш æдзухдæр дардзысты сæ зæрдыл.
Пухаты Илья САЛДАТЫ ХЪЫСМÆТ «Зынаргъ Гига! Дæ фырт Дзуццаты Петр æнувыдæй æх- хæст кодта йе ’фсæддон ардбахæрд. Социалистон райгуырæн бæстæйы сæрыл тохты равдыста стыр хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад. йæ хæстон хæс æххæот кæныны рæстæджы уый хъæбатырæй фæмард 1942 азы 21 октябры. Марды буар ныгæд æрщыд Марухы æфцæджы 1316 бæр- зæндыл. Ацы документ уæм æрвитæм, пенси уын цæмæй снысан кæ- иой, уый тыххæй. 121/75(1 æфсæддон хайы штабы хистæр Кова- ленко. 30. X. 42 аз.» «Сау гæххæтт» æрцыд Хъорнисмæ Дзуццаты Гигайы но- мыл. Фыдохы хабар хъæубæстыл айхъуыст, фæлæ йæ фыдæн ьæма хъæр кодтой. Зьщ бадзурæн уыд ныййарджытæм ахæм ;гнамонд цауы фæдыл. Стæй уæд се ’ннæ фырттæ дæр хæсты уыдысты æмæ уыдонæй дæр ницы уабæрæг хъуыст. Фæлæ кæд- мæ сусæг дардтаиккой <салдаты мæлæт? Гига æнæхъару нæ уыд. Йæхи ма бæргæ фидар дардта. Фæлæ... нал баурæдта йæ маст, асаст йæ тых... Петр райгуырд 1911 азы Хъорнисы. Цардæфхæрд, фæлæ цырд, хъæлдзæг лæппу бирæ фæцыд фиййау искæй фосæн. Иу- дадзыг уыд хæдзары цумагæнæн. Уарзта бæхыл абадын дæр ^ æмæ-иу æй лæгтæ уæлбæ^æй куы федтой, уæд-иу æм хъазæн ныхæстæ æппæрстой — Чапаев та йæ бæх æрбатæры, зæгъгæ. 372
Иугæр Советон хицауад куы ’рфидар Ирыстоны, уæд Петр- л>н дæр фадатфæцисæмæ ахуыр кодта Хъорнисы райдианскъо- лайы. Æхсæнадон куыстмæ уыдис æнæзивæг. Бирæ рæстæджы фæкуыста пионерты раздзогæй. Уыдис активон фæскомцæдисон. Уыд фæллойуарз. Хæрзæрыгонæй куыста Садоны хохма- данты, Рионгэсы æмæ бирæ æндæр арæзтадты. Стыр Фыдыбæс- тæйон хæсты агъоммæ ахуыр кодта Мæскуыйы Осоавиашмы хаххыл. Уый фæстæ йæ арвысгой Мæскуыйы областьт Нопинск- мæ æмæ 1940 азмæ куыста уым. Уый бирæ хъару бахардз код- та горæт Ногинскы æвзонг фæлтæрæ’Н, студеиттæп æфсæддои длесныйад бацамоныныл. , Фыдыбæстæйон хæст Петры æрыййæфта Тбилисы. Куысга Осоавиахимы организацитæй сæ иуы. Куыддæр хæст райдыдта, афтæ йæхи фæндонмæ гæсгæ ацыд Советои Æфсады рæнхъы- тæм. Хъæбатырæй тох кодта фашистон тыхæйисджыты ныхмæ Марухы æфцæгыл æмæ йæ цард нывондæн æрхаста райгуырæн бæстæйы еæрибардзинады тыххæй. Нал рыздæхт йæ уарзоп бинонтæм, иал федта, йе ’взоиджы бонтæ кæм арвыста, уыцы уарзон хъæуы. Ныр, кæд Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй бира? рæстæг аив- гъуыдта, уæддæр æмбæлттæ, хæстæджытæ, адæм иæ рох кæ- |!ынц, Райгуырæн бæ-стæйы тыххæй йæ сæр нывондæн чи æр- хаста, уыцы хъæбатырты нæмттæ. 1965 азы советон адæм фашистон тыхæйисджытыл стыр фæуæлахизы 20 азы бæрæгбон куы нысан кодтой, уæд Хъæ- рæсе-Черкесы автономон областæй Пегры æфсымæры но- мыл горæт Цхинвалмæ æрцыд ахæм арфæйы фыстæг: «Зынаргъ Димитр Григолы фырт! Хъæрæсе-Черкесы фæллойгæнджыты номæй зæрдиаг ар- фæ кæнæм дæуæн æмæ дæ бинонтæн фашистон сырдтыл Стыр фæуæлахизы 20 азы сæххæсты бæрæгбоны! Махæн нæ зæрдæ тынг риссы, не 'хеам1 уе ’фсымæр Петр Григолы фырт — сты’р хъæбатыр æмæ хъаруджын адæймаг — кæй нал ис, уый тыххæй. Фæлæ уый æнустæм уыдзæн нæ зæр- дæты, нæ хъуыдыйы, куыд æцæг патриот, афтæ, кæцы йæ цард радта райгуырæн бæстæйы, йæ адæмы амоид æмæ сæрибар- дзинады тыххæй Кавказы æфцджытыл карз тохты. Уый кæд- Аæриддæр ис немæ куысты æмæ циндзинады дæр. Уымæн æмæ ^ъайтартæ нæ мæлынц. Фæнды >нæ сымахæн фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ! С1ДКП обком, облæххæстком, газет «Ленинекое знамя»- йы редакци». Тохы быдырæй йæ райгуырæн уæзæгмæ сæрæгасæй чн ’рфыздæхт, уыдон нæ рох кæныпц, знаджы нæмыджы хай щ? бацис, уыцы хъæбатыр хæстон æмбæлтты. 1965 азы Тбилисы фембæлдысты Марухы æфцджытыл тох- 373
ты хайадисджытæ. Уыцы фембæлдьт тыххæй Гуырдзыстоны республикон газет «Коммунисти» фыста: «...Марухы тохты фæмардуæвæг хæстонты бинонты æрба- хонын дæр нæ ферох кодтой фембæлд организацигæнджытæ. Уыдо’нæп бирæтæ зонынц нæ зынаргъ æмбæлтты царды фæс^ таг бонты хабæрттæ. 20 азы рацыд, уыдон куы бабын сты, уæ-' дæй ардæм. Фæлæ сæ рухс фæлгондзтæ не ’фтыпц зæрдæйæ. Нæ дæр се ’мтохгæнæг æмбæлттæ ферох кæндзысты, Кавказ æмæ æмткæй нæ райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны сæрап- понд тохты чи фæмард, уыцы хъæбатырты: Тъатъишвили Ди- митры, Магълакъелидзе Мампя, Дзуццаты Петр, Мачъавариа- ни Пауле æмæ сæдæгай æндæр хæстонты нæмттæ...» Марух, Кълухор æмæ Кавказы ипнæ æфцджыты иемыцаг- фашистон тыхæйисджыты ньтхмæ тохты хайадисджытæн Тби- лисы музейьт ис, сæ архайдыл сын чп дзуры, ахæм къуым. Уым пс Дзуццаты Петры пыв дæр.
Хъуылаты Чермсн ЛОЛЧЫ КАД Асæй рæстæмбис, къæсхуыртæарæзт иæлгоймаг. Рæстæг ын йæ сæры хилыл халас аппæрста. Æгæр нардуатæп, афон ын куыннæма уыдис, афтæ. Фæлæ нырма, усгур лæппуйау, лæрдæг у йæ алы фезмæлд дæр. Адæмæн — уарзон, куысты — «Ьæразон, бинонты æмæ æхсæнадон царды — фæзминаг. Ныр æстæм аз кусы Есенаты Хъасболат Орджоникидзейы Хетæг- каты К’ьостайы номыл культурæйы æмæ фæлладуадзæн пар’чы директорæй. Æмæ йæм иу азым дæр никуы æрхастæуыд. йс ’ппæт тыхтæ æмæ хъарутæй архайы сабыр царды нысæнттыл, парк рæсугъддæр æмæ аивдæр цæмæй уа, горæты фæллойгæн- джытæ йæм фæскуыст сæ фæллад уадзынмæ разæнгардæй цæ- мæй цæуой, ууыл. Санибайæ ’ Дзæуджыхъæумæ ралидзæг бинонты ’хсæн райгуырдис Хъасболат. Нæ йын уыдис, пæ ныийарджытау, йæ иард зæххы куыстимæ сбæттыны фадат. Æмæ астæуккаг скъо- 1а каст куы фæцис, суанг уæд ра>взæрста тæссаг фæндаг. Цаг зиттон, тæккæ НЭП-ы рæстæг æрæййæфта. Кулæктæ сæ сæртæ сдардтой. Æмæ уыдон ныхмæ Ирыстоны фæскомцæдисон фыццаг дружинæтæ аразджытæй иу уыдис Хъасболат. Мили- Дæйы органты кусгæйæ, мидбæстон бандæты ныхмæ мæлæг- дзаг тох кодта, цалынмæ йæм æфсæддон службæмæ æрсид- тысты, уæдмæ. Йæ службæ райдыдта Дард Хурыскæсæны арæнтыл. Сырх командирты дæсныйад бæрзонддæр кæныны адсæз мæйы курсыты йедтæмæ, уæвгæ, æфсæддон скъолайы Аф’сгæ дæр никуы бакодта, афта>маЧ1 ирон æвзыгъд лæппуйы 375
Фыдыбæстæйы Стыр хæст æрæййæфта Воронежмæ хæстæг\ бæхджын æфсады полчы штабы хицауы бынаты. — Æвæццæгæн, иу дыууадæс хатты балæвæрдтаин рапорт- тæ фронтмæ арвитыны тыххæй, — зæгъы Хъасболат. — Фæлæ мæ нæ уагътой. Цæвиттон, нæ полк фæстауæрды æфсæддон хай уыдис æмæ нын нæ размæ сæвæрдтой фронтæн ногæй- ногмæ хæсток кадртæ цæттæ кæныны Хстс. Æппынфæстаг мæ, æвæццæгæн, сфæлмæцыдысты æмæ мæм 1942 азы майы йæхи- мæ фæсидтис Орелы уæды хæстон окруджы штабы хицау Ба- грамян: — Дæ рапорттæм гæсгæ куыд зыпы, афтæмæй дæ, цыма. фронтмæ фæнды,-майор? — Æнæмæнг афтæ, æмбал пнæлар! — æмраст алæугæйæ, ^рмытъæпæн къæмисæимæ фæцарæзтон æз. / — Хорз, иттæг хорз! — мæ уæхск мып æрхоста инæ- лар. — Тыхамæлттæй мæ къухы бафтыдис дæ курдиат сæх- хæст кæнын. Æхсызгон мын у, хæсты рæстæджы ме ’мзæххол кавказæгты туг æхсидгæ кæй кæны, уый!.. Радт штаб, æмæ фæндараст фæу фронтмæ. Æрмæст-иу... нæ хохбæстаг цæсгом ма фæкъæмдзæстыг кæн. ’ — Хъусын дæм, æмбал инæлар! Æмæ Хъасболаты арвыстой бæхджын æфсады 3-æм гвар- дион корпусмæ. Цард æмæ мæлæты ’хсæн ахъаззаг тох кæм цыдис, арв æмæ зæхх кæрæдзи кæм хостой, бомбæты æмæ сар- мадзаны нæмгуыты срæмыгъдтытæй хъустæ къуырма кæм- кс;1-; той, топпыхосы фæздæгæй улæфæнтæ кæм æхгæдтой, алы уыс- мы дæр адæймаг йæ адзалмæ æнхъæлмæ кæм кастис, фронты уыцы раззаг хаххыл ын йæ бæрны бакодтой бæхджын æфсадьт 22-æм гвардион полк. Ома, æвиппайды нæ. Раздæр æм уьшъ; куысты фæлтæрддзинад кæй уыд, уымæ гæсгæ та йæ~ корпусы команднр гвардийы ииæлар-лейтенант Кручинкин раздæр æру- рæдта йæхимæ штабы. Æмæ та Хъасболаты бахъуыд «раззаг хахмæ» йæ арвитыны тыххæй ногæн рапорттæ фыссын. ■ Уæд ма не ’фсæдтæ фæстæмæ цыдысты. Знаг ма бирæ тых- джындæр уыд зæххыл æмæ уæлдæфы, танктæй æмæ хæдтæх- джытæй... Уып размæцыд бауромыныл афæлварын стыр зиæнт- тимæ баст уыдис. Бар-æнæбары (Ьашистон æрдонгтæн уадзын хъуыдис хъæутæ æмæ горæттæ. Харьковы цурæй Волгæйы бьтл- гæрæттæм Хъасболаты барджытæн нæ фæцис размæ абырсыны, сæ фæрпнк кæрдтæй знаджы фæсчъылдыммæ фæндаг айгæр- дыньт^ æмæ уым гитлеронты ’хсæн’ цъиувæдис саразыны фадат, Фæлæ мæнгп Сæйоагкомандæгæнæлжы бардзырд: «Иу- къахдзæф дæр фæстæмæ пал!» Есены фыртмæ радтой æндæр иолк. Коршусч командир уьпис инæлао Плиты Иссæ. Æмæ райдыдта размæбырст, не ’фсæдты уæлахизы размæ- бырст æппæт фронты дæр. Бæхджын æфсады иннæ æфсæддон ъæйттау Есрны фырты барджытæ дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ а^гæрстой фæндаг сæ фæринк кæрдтæй знаджы фæсчъылдым- 376
мæ, куымæг ын кодтой йæ техникæ æмæ удæгас тыхтæ, фехæлд- той-иу æфсæдты ’хсæн бастдзинад... Уыцы полчы сæргъы Хъасболат бахæццæ Донмæ. йæ ри- уæй сæрттывтой дыууæ ордены. Æмæ йæ ам, бар-æнæбары, йæ уарзон, мæлæты цæстытæм комкоммæ кæсынмæ кæимæ сфæл- тæрдта, уыцы барджытæн хæрзбон зæгъын бахъуыдис. Цæвит- тон, уæд уыцы бæхджын корпус архайдта танкон æфсады 5-æм хорпусимæ иумæ. Уым фæцæф иу бригады командир æмæ Есе- хчы фырты къухы æмæхсæвæджьт уыцы бригад бакодтой. Дыууæ мæймæ танкистты командир сдзæбæх ис. Æрбаз- дæхт иæ бынатмæ. Есены фыртмæ фæсидтис бæхджын корпу- сы командир гвардийы инæлар-лейтенант Осликовский (Иепæ уæдмæ сснс хицæн бæхджын-мехапизацигонд къорды командæ- гæнæг). Корпусы командир æмæ штабы хицауæй уæлдай ма Хъасболат уым баййæфта Советон Цæдисы Маршал С. М. Бу- денныйы. — Сбад æмæ аныхас кæнæм, æмбал гвардийы дæлбул- •<ъон, — рапорт радтын ын нæ бауадзгæйæ, бандонмæ ацамыд- та Семен Михайлович. — Дæуæн хæсгонд цæуы 84-æм гвардион бæхджын пол- хæн командæкæньшад дæхимæ райсын. Хæсты райдайæнæй фæстæмæ стыр кад æмл^ памысы фæндпгыл рацыд уьщы ;полк, бирæ зиæнттæ æрхаста фыдызнагæн. Бирæ оахъ хæстонтæ æма> дзы командиртæ радтой сæ цард Райгуырæн бæстæйы сæрап- понд. Ды йын уыдзынæ фæидзæм комаидир. йæ раздæры ко- мандиртæ: дæлбулкъон Шевченкю, дæлбулкъон Перекрестов, майор Закатов æмæ гвардийы дæлбулкъои Труханов алы æмæ элы рæстæджыты хъæбатырæй фæмарц сты хæсты быдыры... Мах ныхас кодтам мæнæ инæларимæ. Æмæ, цыма, полчы ка- ды тырыса ноджы бæрзонддæр сисдзынæ, йæ хъæбатыр хæс- тонтьт æмæ йын командирты туг знагæй райсдзынæ, афтæ нæм дзуры нæ зæрдæ. — Æххæстгонд æрцæудзæп уе ’ууæнк, æмбал Советон Цæ- дисы-Маршал! — йæ бынатæй фестгæйæ æмраст алæууыд Есе- ны фырт. Маршалы раз уыцы ныхæстæ ардбахæрдæй уæлдай иæ уы- дысты. Æмæ Хъасболат йæ ардбахæрд куыд сæххæст кодта, ^вардион полк йæ разамындæй 1944 азы июлæй фæстæмæ цы намысы фæндагыл ацыд, уый тыххæй мæиæ цы дзурынц æф- сæддон архивтæ: «Июлы кæрон. Августовскы хъæуы хæстытæ. Полк байста æмæ фидарæй йæхи бакодта горæт Липск. Фæстæмæ аппæрста корпусыл æрхъула кязны-ны-л армæ йæ хъæды ныппырх кæны- «ыл немыцæгты æппæт ныббырстытæ дæр. Ам, Августовскæй ^ километры æддæдæр фæцис Белоруссийы хæст. Йæ рæнхъы- тае баххæст кæныиæн æмæ пог хæстонты ахуыр кæиынæн пол- каен лæвæрд æрцыд дыууæ мæйы баулæфыны рæстæг. Ноябры 377
та фенкъуыст йæ бынатæй æмæ, карз хæстыти<мæ, Скæсæп Пруссийыл бахызт горæт Рожаны цурмæ. Ардыгæй 1945 азы 14 январы райдыдта йæ зымæгон опе- раци. Скæсæн Пруссийы фидæрттæ батонын, Алленштайнмæ бахизын, Гиршбергы цур хæст, горæт Врмдитты цур тынг уæз- зау, фæлæ уæлахизхæссæг хæстытæ, Вислæйы сæрты ахизын, Померанийы фидæрттæ батонын, горæт Конитц байсын, горяег Найштетин байсын, Балтийы денджызы былгæрæтты горæт Рк>генавальдемæ «бахизын — уыдон сты полчы кады, намысы æмæ уæлахизы фæндæгтæ. 1945 азы мартъийы æмæ апрелы полк хъахъхъæдта Бал- тпйы денджызы былгæрæттæ Рюгенвальдейы районы. Уый фæс- тæ раивта цæугæдон Одеры ныххауæны польшæйаг æфсæддон хæйтты æмæ 20 апрелмæ бахæццæ Шведтæй Скæсæны ’рдæм 10 километры æддæдæр, Нахаузен, зæгъгæ, уыцы хъæумæ. Ам йгрхи цæтта^ кæны фæстаг хæстытæм. Скæсæп Пруссийы æмæ Скæсæп Померанийы хæстыты стыр сгуыхтдзинæдтæ кæй равдыста, уый тыххæй полк хор~ >'æхджын æрцыд «Сырх Тырысайы» орденæй. Паддзахадон хæрзиуджытæ райстой бирæ хæстонтæ æмæ командиртæ дæр. 1945 азы 27 апрелы сæумæцъæхæй тюлк дивизийы иннæ- ты разæй горæт Шведты районы ахызтис Одеры доны срерты, тæккæ уыцы бон фæцис, размæ чи бырста, пæ уыцы фистæг æфсады разæй, хъæу Воллетцы цур знаджы æфсæдтæй скуы- нæг кодта батальонæй фылдæр æмæ æхсæвы 8 сахатмæ хæс- тæг алыг кодта Берлинæй Штеттины ’хсæн бастдзинад. Уыцы цыбыр, фæлæ ныфсхаст æмæ тугкалæн хæсты фæмард, <полчы æппæты разæй цьт заставæ цыд, уый командир лейтенант Гу- сев... Фридрихсвальде байсыныл хæстытæ, Хавелы донмæ бабыр- сып æмæ Бругвалы хъæумæ хæстæг нæ сæрты ахизын, доны ныгуылæйнаг былгæрон хорз хæцæн бынат байсын, уый рауæ- рæхдæр кæнын æмæ дивизийы иниæ полктæн дæр, стæп 330- æм фистæг дивизийæн фаллаг фарсмæ æдасæй ахизыны фадат радтын, немыцæгты сгарæг батальоны, 75-æм фистæг лолчы æмæ 5-æм быдырои дивизийы ныппырх кæнын, — аха^мтæ сты пслчы уыцы боиты намысджын фæстиуджытæ. 1945 азы 2 майы полк æнтыстджынæй батыдта горæт Виг- тенбергмæ бахизæн знаджы фидæрттæ, окуынæг кодта Берлич- Гамбурджы ооса фæндæгтыл знаджы тыхты æ>мæ, æиæ ’рлæу- пжæу иунæг æхсæв размæ 120 километры абырсгæйæ.Эльбæйы доны был баиу ис нæ цæдиоонтимæ — америкаг æфсæдтима*. Уыцы операцийы тыххæн йæ тырысайыл сæрттывта дыккаг хæрзиуæг — Суворовы æртыккæгæм къæпхæны орден. Уый уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ фæстаг ныббырст». \ Ууыл фæуд кæнынц æфсæддон архивы фыстытæ. Есены фырт сæххæст кодта йæ ардбахæрд — полчы кад дæлæмæ не ’руагъта. Полк дæр намысимæ сæххæст кодта йæ историон 378
_\æс. Хæст фæцис, фæлæ ма уæддæр Хъасболат авд мæйы дэер- гъы æгъатыр тох кодта бандæты ныхмæ. Стæй уал æмæ уал азы фæстæ йæ райгуырæн Ирыстонмæ отпускы куы ’рцыдис, уæд æнæкъæмдзæстыгæй бакаст йæ уарзон æмзæххонты цæс- гоммæ. Æмæ куыннæ! Гвардайы булкъоны риуæй цæхæртæ калдтой йæ хъæбатырдзинады æвдисæнтæ — Ленины орден, Сырх Тырысайы æртæ ордены, Богцан Хмельницкийы орден, Суворовы æртыккæгæм къæпхæны орден, Сырх стъалыйы дыу- уæ ордены, америкаг æмæ польшæйаг хæстон кадджындаф ор- дентæ, майдантæ... Ныр Хъасболат разил-базил кæны парчы, фæкомкоммæ вæййы æрдзаивгæнджыты арæхстджын куыстмæ æмæ та фæ- зæгъы: — Афтæ, афтæ, мæ хæлæрттæ. Уадз æмæ дидин æфтауа цард, сабыр цард, æнæхъаугъа цард!..
Бллик Б. ИРЫСТОНЫ УДÆГАС ТАУРÆГЪ «Цæй-ма, цы кæнон, зæгъ, цæй-ма, цы дын кæнон.— Чи дæ, мæ иубæстон, байхъус мæм цадæг... Цплынмæ нскуы мæхицæй дын раппæлон, Б.чком уæдмæ уал мæ фыдæлты кадæг...» Къоста. «ХЕТÆГ». 1 — Уæд;г Хетæджы таурæгъ нæ зоныс? — фæрсы мæ Зæн- джиаты Владимир, йæхæдæг арф комы дагъы хæххон къæдз- мæдзы фæнцагыл машинæ афтæ ’дæхгæр фæзылдча æмæ зæр- дæ бахъарми. — Ау, уый дæр Нгт зоиыс? «Орджоникндзейы горæты баззадтæн æрма>ст цалдæр саха- ты, фæлæ мæм иу æмæ дыууæ хатты нæ радта ахæм фарстытæ. Æмæ та-иу мын уый фæстæ алы хатт дæр ногæй радзырдта диссаджы таурæгъ — Ирыстоны æнæнымæц таурæгътæй иу. Æз дызафдыг пæ кодтон, ацы хатт дæр та афтæ кæй уыдзæн, ууыл. Æз мæ цæстæнгас райстон, на> машинæйы авгæй мæм, ай- дæнау, цы къæдзæхтæ æрттывтой,, уыдонæй. Мæхи æрцæттæ кодтон хъусынмæ, фæлæ Зæнджиайы фырт иæмæндæр нæ тагъд кодта. Машинæ æрбаздæхт Алагиры сосæвæндагмæ, чысыл раздæр Ку&рдтаты комы а>ва\цжиау рæсугъддзинад фенынмæ кæцæй зяо
араст стæм, уырдæм. Æмæ фæтагъддæр кодта йæ цыд. Афтæ у, рулыл, тæхæг куы бада, уа*д ын сабыр скъæрыны æнхъæл ма у. Уæлдайдæр та тæхæг-штурмгæнæг, хъазуат атахтытыл чи фæцайдагъ, ахæм куы уа, уæд. Разындис нæм иу -стыр хъæу. Зæнджиайы фырт æрцæй- хрæдта машннæйы, фæлæ цыца?р фæхъуыды кодта æмæ ногæн атахт сосæвæндагыл. ’ —-Ау, уый Хæтæлдон нæу? — фæрсын æн. — Хæтæлдон у, фæлæ нæ ар’дыгæй æмбисæхсæвмæ дæр нал ауадздзысты, <мæн та фæнды рухсæй ма дын фенын кæнон Хе- тæджы къох. Дард нал у... ’ Аздæхтыс’тæм, трактортæ кæй сфæлдæхтой, ахæм быдырон фæндагыл. Ам, æгæрыстæмæй, Зæнджиайы фырты дæр бахъуыд сабыр скъæрыны сæр, æмæ æз уайтагъд суыдтон хъæды къох; Æниу ын æнæсуынгæ дæр нæ уыд: бæрзонд хихджын бæлæсты къорд бæрæг дардта конд хуымты астæу. ч — Уæлдæфæй хъæды къох зыны æ,рмæст тымбылæджы хуы- зæн, — дзуры Зæнджиайы фырт, раст, цыма исчи егъау цирку- лæй æрхахх кодта’ ацы бынат, стæй дзы ныссагъта -бæлæстæ. Æмæ, кæс-ма, куыд диссаг у: Кавказы хохрæхысы тигъыл ЦЬ1 хъæд ис, раст ацы къохыйас æрдуз. Чизоны, гъе, уымæ гæсгæ фæзынд Хетæджы таурæгъ. Æниу, <чнзоны, афтæ дæр уыдаид, æмæ фыццаг фæзынди таурæгъ, стæй йæ адæм сбастой æрдзы ацы фæзындимæ. Дæхæдæг зоныс: адæймагмæ исты хъуыды, кæнæ фантази куы ’рцæуы, уæд æм афтæ фæкæсы, цыма алцы дæр ууыл баст у, æмæ у йæ бæлвырдгæнæг. Афтæ ’рцыд мæ- ныл дæр Хæтæлдоны сæрмæ тохы фæстæ. Цæмæндæр-иу мæ зæрдыл ног æмæ шгæй æрбалæууыд ацы хъæды къох мæ бын- ты куыд тахти, йе '(Мраст тымбылæг-иу хæдтæхæджы базыры бын куыд февзæрд, стæй та иу куыд æрбатарыи. Уыцы нывтæ мæ цæстытыл уадысты сæнттæ цæгъдгæйæ дæр... Машинæ ныууагътам фæндагыл æмæ бацыдыстæм Хетæ- джы къохмæ. Йæ ном ыл фидаугæ дæр тынг кæны: ам бар-æнæ- бары дæр ныхъхъус вæййы адæймаг æмæ цæуысхъавгæ. цыма аргъуаны дæ. Егьау тæрс бæлæстæн (иуæй-иутыл дзы цæудзæп фæйнæ дыууæ сæдæ æмæ фылдæргай азтæ) се ’здыхт къабузтæ æддæг-мидæг ауадысты æмæ сæ уæле рауад нывæфтыц цъар. Æрæджиау райдыдта Зæнджиайы фырт. Дзуры Къостайы ^мдзæвгæ: Нырма дæр йæ уаз цырт нæу дзыллæтæй рох, йæ таурæгъ та мин-минтæй хъуыстон, Æвæджиаг дардыл хъæд — «Хетæджы къох» Куырдтаты рæсугъд комы суыдтон. Нырма дæр нæ аныдзæвд никуы цыргъаг Пæлæхсар æнусон бæлæстыл. 331
Дæрдтаг бæлццон — афтæ у адæмы ’гъдау — Сæркъулæй фæцæуы йæ рæзты. — Æгъгъæд у, хохаг, — загътон æз, — бамбарын ма кæн ды æцæгалон бæлцщ>нæи, уæртæ уый цы давы... Тæрсбæлæсты бын лæууынц стъолтæ, сæ уæлæ дзæвгар сыкъатæ, нуазæнтæ, агуывзæтæ. Афтæ зынди, цыма ныртæкка> ам уыдысты, кæнæ йæм тæккæ абон æрымбырд уыдзысты мин- гай куывдæттæ... Бæласæй-бæласмæ тыгъд сты сырх сгæллады æнæхъæн тынтæ, сæ къабузтыл та дзедзлой кæнынц алыгъуы- зон хъуымæцты æнæнымæц уаццæгтæ. Уый зæрдыл лæууын кодта рагон бардуæгты. Афтæмæй та хъуымацы уаццæгтæй иуыл фыст уыди: «Табуафои, тыллæджы бæрæгбонмæ!» Зæнджиайы фырт мын дзуры: — Ам схæццæ сты æндæр æмæ æндæр дугты æгъдæуттæ, фæлæ иууылдæр баст сты иу хъуыддагыл — Хетæджы таурæ- гъыл. Таурæгъ амоны, зæгъгæ, незаманты, тæккæдæр ацы бына- ты, фыдбылызы бахауд хъæбатыр хæстон Хетæг: æрхъула йыл кодтой знæгтæ. Знæгтæ афтæ бирæ уыдысты, æмæ уый иу- нæгæй нæ фæлæууыдаид еæ >ныхмæ, бамбæхсæн та йын никуы уыди: уыцы заманьь дам, ацы бынат уыдис быгъдæг. Æмæ Хе- гæг ныхъхъæр кодта: — О, Уастырджи! Уый æххуысмæ сидтис Сыгъдæг Георгимæ, хæстонтæ æмæ бæлццæтты бардуагмæ. Уый йын фехъуыста йæ сидт. Хохы хъæдæй æд уидæгтæ стыдта сæдæгай бæлæстæ, æрхаста сæ ар- дæм, сарæзта дзы аохы къох æмæ Хетæджы баауон кодта йе знæгтæй. Æрвыл аз дæр 18 июлы ацы æвæджиаг къохмæ æрцæуынц адæм. Ирыстоны бирæ хъæутæй хъайтары æвæджиауы фервæз- ты цытæн бæрæгбон кæнынмæ. Æмæ уыцы бон, алы хатт дæр, уазджыты раз фаг вæййы хæрд æмæ нозт/ Ам диссагæй ницы ис: бæрæгбон кæнынæн цыдæриддæр хъæуы, уый балхæнынц афæдзы дæргъы, Хетæджы къохмæ цæуæг адæм уæртæ уыцы згъæр асыччы цы æхца февæрынц, уымæй. Хетæджы бæрæгбо- нæн йæ динон хъуыды ныр уый бæрц нал ахады, æмæ раивта тыллæджы бæрæгбонæй. Ныр таурæгъæн йæхицæн дæр ис ног мидис. Абон уый амоны, зæгъгæ, цыфæнды зын уавæры дæр дæ ныфс хъуамæ ма асæтта, зæгъгæ, дын бахъуыды заман æх- хуыс уыдзæн æнæмæнг, — кæй зæгъын æй хъæуы, Сыгъдæг Ге- оргийæ нæ, фæлæ адæймагæй, дæ хæларæй, кæнæ кæй нæма зоныс, афтæмæй дæр зын уавæры дæ хæлар чи суыдзæн, уыцы адæймагæй. Рараст стæм машинæмæ, фæлæ Зæнджиайы фыртæн цыдæр йæ зæрдыл æрбаллæуыд æмæ фæстæмæ фездæхт. Æз федтон куыд ныппæрста æвзист æхцатæ егъау згъæр асыччы. Ууыл 382
цъæх хъуына схæцыд: æвæццæгæн ыл хъæды къохæй бирæ къаддæр азтæ нæ цыди. — Ды худгæ ма кæн ацы æгъдауыл, — загъта Владимпр, кæд худын мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, уæддæр. — Зæрон- ды ном цæуыл ис, уыдонæй алцы нæ базæронд. Дæумæ дис фæ- каст абон горæты кæй æвæрдтой, уый кæй нæ зыдтон. Марды- чырыны фæстæ афтæ бирæ адæм уыд, æмæ æнæхъæн уынджы нал цыдысты кæрæй-кæронмæ. Ды афтæ фенхъæлдтай стыр зындгонд адæймаджы фæндараст кодтой. Нæ, махмæ афтæ æвæрынц хорз адæймæгты. Адæймаг куы амæлы, уæд æм хæ- дзармæ æрцæуынц йæ хæстæджытæ, йæ хæлæрттæ æмæ йæ хæ- лæртты хæлæрттæ. Уыдон сæхимæ райсынц æппæт фæлхастæ дæр. Мардæн йе ’ввахс хæстæджыты ницæмæ бауадзынц фев- налын: уыдонæн фаг у се стыр маст дæр. Æмæ æппæты фыц- цаг æрæмбырд кæньшц æхца, уыйбæрц, цæйбæрц хъæуы мард бавæрынæн, хистæн, цырт сывæрынæн, алцæмæн дæр. Махмæ уый æгъдау у — адæймаджы йе стыр мастимæ хъуамæ ма ныу- уадзай иунæгæй... Машинæмæ куы фæцæйхызтыстæм, уæд ма Зæнджиайы фырт бафтыдта йæ ныхасмæ: — Æмæ афтæ — цины рæстæджы дæр. Уый ды фендзыиæ ;;ыртæккæ Хæтæлдоны. Ба.нымай-иу, цас адæм æрцæудзæн 5 но- ябрь банысан кæнынмæ... 2 Æцæг у уый.Æрвыл аз Дæр 5 нюябры Хæтæлдоны хъа^уы иу хæдзармæ æрæмбырд вæййы уыйбæрц адæм, æмæ сын æрлæу- уæн дæр нал вæййы агъуысты. Фæлæ цæмæн? Цæмæй уый бам- барæм, уый тыххæй нæ раздæхын хъæуы, æнусы цыппæрæм ха- йы размæ цы цаутæ æрцыд, уыдонмæ. 1942 азы 5 ноябры гитлерон æфсæдты танкон хæйттæ ’рба- бырстой Нальчикæй Дигорийыл, Æрыдон, Алагир, Хæтæлдон æмæ Джызæлыл Орджоникидзейы горæтмæ. Афтæмæй æрбав- вахс сты Цæгат Ирыстоны столицæмæ. Уый уыдис фашистон командæкæнынады фæстаг æмæ удуæлдай бафæлвæрд Фæскав- хазмæ ахизыныл, цæмæй систаид Тбилисы горæт, йæ къухты бафтыдаид Бакуйы нефть æмæ æнгом балæууыдаид Турчы арæнмæ (Гитлер æнхъæл уыдис, зæгъгæ, уæд Турк дæр схæц- дзæн) æмæ афтæмæй айгæрддзæн йæхицæн фæндаг Æввахс *мæ Астæуккаг Хурыскæсæн бæстæтæм. Нæ дуджы æфсæддон историктæ фыссынц, зæгъгæ, уыцы бафæлвæрд уыд сытъдæгæйдæр авантюрæ, æмæ, зæгъгæ, Фæс- кавказмæ æрбабырсьгны пълан аразгæйæ, фашистты ныфс уыд Кавказы адæмтæ кæй растдзысты Советон хицауады ныхмæ. Фæлæ уымæн уæвæн нæ уыд æмæ ницыдæр рауад питлеронты пъланæй. Уæвгæ, 6 ноябры советон æфсæдтæн сæ бон бацис 383
ныхмæлæууæгæн сæрсæттæн цæф фæкæнын æмæ уы,й фæстæ уайтагъд уæндон, ’ныфсхастæй абырстой размæ. Æппæт уыдæттæ раст сты, æппæт дæр номхуындæй уыд аф- тæ. Фæлæ цæмæй æндæргъуызон нæ, фæлæ хъуыддаг номхуын- дæй рауадаид афтæ, уый тыххæй бахъуыдис стыр тыхтæ æрæм- бырд кæнын, хъуыдис Орджоникидзейы горæт хъахъхъæнджы- ты æпæбасæтгæ лæджыгъæд æмæ хъæбатырдзииад, бахъуыдис стыр нывæндтæ, бахъуыдис карз тохы сæр, кæ;цы сцырын 5 ноя- бры, куыд зæххыл, афтæ уæлдæфы дæр. Кæстæр лейтенант Зæнддаиаты Окланы фырт Владимир æмбæстагонæй æфсæддон авнацимæ æрбацыд хæсты хæдразмæ æмæ бахауд 7-æм гвардион штурмгæнæг полкмæ. Хъуыддаг аф- тæ’рауад, æмæ кæстæр лейтенант фыццаг хатт хъазуат тохы бацыд нæ райгуырæн Ирыстоны сæрмæ уæлдæфы, 1942 азы, 5 ноябры. Райсомæй Зæнджиайы фырт хайад иста, Джызæлмæ хæстæг цы фашистон танкæтæ стыгуыр сты, уыдоны штурм кæ- ныны (уырдæм чи атахт, уыдонæй бирæтæ нал æрбазæдæхты- сты), уый фæстæ æнæнхъæлæджы райста иог хæс. Уыцы бон авиацион полчы командир Коистантин Николайы фырт Холоба- евмæ уыд инæлар (ныр авиацийы Сæйраг Маршал) Константин Андрейы фырт Вершинин. Холобаев ын ракодта йæ хъаст, зæ- гъгæ, сын куынæггæнæг хæдтæхджытæ кæй нæй, æмæ уыдоны æмархайдæй æнæхай кæй сты, уымæ гæсгæ бирæ зиæнттæ цæуы штурмгæнджытыл, уæд ын инæлар загъта: — Полк гвардион у æмæ йæ хæстæ дæр гвардион хъуамæ уой... Стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Райсом райсдзыстут куынæггæнæг хæдтæхджытæ. Бæрæг уыд, абон кæй ницыуал’ райсдзысты. Афтæмæй та абон скъуыддзаг кодта тохы хъысмæт. Гъе, уымæ гæсгæ дыууæ хæдтæхæгæй, дыууæ «Илюшинæй», рæстæгмæ скодтоп «куынæг- гæ^джытæ».-Уыдон-иу сæ бомбæтæ куы ’ркалдтой, уæддæр ма- иу баззадысты уæлдæфы æмæ хъахъхъæдтой се ’мбæлтты. Ра- зæй тахт Зæнджиайы фырт. йæ хъус æм дардта Письмечеико. Æдæппæт дыууадæс хæдтæхæджы раздзог уыд æмæ сæ знаджы ныхмæ кодта Васил Борисы фырт Емельяненко. Уæд цæмæн бакодта командир та сæрбахъуыды заман ахæм зын хæс æрыгон, æвæлтæрд тæхæг Зæнджиаты Владимирæн йæ бæрны? Æвæццæгæн^ Зæнджиайы фыртæн пæхимæ цы стыр æмгардзинад бафитшайдтой, уый мидæг уыд хъуыддаг. Ацы хъæлдзæг æмæ хæларзæрдæ æрыгон лæппуйы бирæ уарзтой, йемæ чи службæ кодта, уыдон. Кæддазр сын зæрдæбынæй ра- дзырдта ахæм хабар, зæгъгæ, хæххонтæм ис фыдæлтæй баззай- гæ æгъдау: хæлæрттæн сæ бон у æмæ сæхи рахоной кæнгæ æф- сымæртæ, уæд уыдонæй иу иннæйы сæрыл йæхи нывондæн дæр æрхæссы... Æмæ канд сæхæдæг нæ — æппæт хионтæ нымад цæ- уьтнц хæстæджытыл æмæ иууылдæр вæййынц кæрæдзийыл æну- 384
иЫД- Уæдæ цæмæннæ хъуамæ уой ахæм кæнгæ æфсымæртæ тæх- джытæ-штурмгæнджытæ иууылдæр, кæд æмæ сæ хæстон дæсны- надмæ гæсгæ æмбæлынц бирæ фылдæр зынтæ æмæ тæссагдзи- цæдтыл, канд авиацийы иннæ хуызтимæ нæ, фæлæ цыдæриддæр гсфсады архайæг тыхтæ ис, уыдонмæ абаргæпæ дæр? Дзæгъæлы кæм радтаиккой «Илюшинтæн» дæр ахæм иæмттæ: «Уæлдæфон фпстæг æфсад», «Æрвоп артиллери», «Тæхгæ танкæтæ»... Куыддæр штурмгæнджытæ бахæццæ сты сæ нысаны сæрмæ, афтæ фæзынд «Мессершмитты» стыр къорд. Зæпджиайы фырт æмæ Письмеченко смидæг сты се ’хсæн æмæ сын фехалын код- той стыр къорд. Зæнджиайы фырт уайтагъд фæфиппайдта фа- ашстты раздзоджы æмæ йыл йæхи андæгъта, сырдта >йæ Кавказы хохрæхысы ’рдæм, Хъазбеджы митын.«худ» урсæй кæм æрттыв- -1а, уырдæм, «Мессершмиттæн» йæ фæдыл, æвæццæгæн, æрвыст 1Ш æрцыд, æххуысмæ, уыцы хæдтæхæг алыг кодта хъуыддаг; уый æрхаудта хохрæбынмæ, йæ фæстæ ма уæлдæфы ныууагъта æрмæст сау фæздæджы уаццаг. Хетæджы къохы сæрмæ цæх- I æр фæзилгæйæ, Зæнджиайы фырт ногæй февзæрд, йе ’мбæлтта* кæмæ бырстой, уыцы нысаны сæрмæ. Фæзындысты та ног «Мес- серншиттæ» ардæм дæр, æмæ Владимиры Письмеченкоимæ бахъуыд ноджыдæр иу æнæмсæр тохы бацæуын. Зæнджиайы фыртмæ афтæ фæкаст, цыма зæхмæ арвыста знаджы дыккаг хæдтæхæджы дæр, фæлæ цас раст у ацы хъуыды, уый бабæл- вырд кæныны бон æй нал фæци, — джиздард æрцыд йæхи хæд- тæхæг æмæ кабинæ фæздæгæй едзаг кæнын райдыдта. Уæддæр ма Владимир федта: «Мессершмиттæй»<иу ныхъхъавыд Емелья- :[енкойы хæдтæхæгмæ къæдзилы ’рдыгæй. Арты пиллон æрба- оырста кабинæмæ æмæ лæбурдта Владимиры къухтæм, фæло’ йæхи зындзинадыл хъуыды дæр нæ акодта, — атындзыдта ко- уандирæн баххуыс кæнынмæ. Уæлдæфон тохы æппæт дæр скъуыддзаг кæнынц секундтæ. Зæнджиайы фырт фервæзын кодта йе ’мбалы, фæлæ йæхицæн нал баззад цалдæр секунды, цæмæй раздæхтаид йæ хæдтæхæг нæхи позициты ’рдæм. Арты пиллон цавта тæхæджы цæсгом æмæ йæ бахъуыд кабинæ ныууадзыны сæр. Уый æвиппайды нæ райтыгъта йæ парашют, фæлæ йæхи уыцы иу уагъд ракодта уæлæфы, цæмæй йæ бон бауыдаад йæ дарæсыл бафтгæ зынг ахуыссын кæиын. Иуфарсырдыгæй зынди Хæтæлдоны хъæу, йæ <">ынмæ та сау-сауид дардта æгæндæг къутæрджын. Ардыгæй ады къахвæндаг дæр цыди райгуырæн хæхтæм, нæхионтæм. Фæлæ æрæгмæ райхæлд парашют. Зæыджиайы фырт сæм- бæлд зæххыл æмæ ницыуал базыдта. Письмеченко дæр тохæй æрбаздæхт цæфæй. Уый фехъусын кодта нæхионтæн, зæгъгæ, Зæнджиаты Владимнры хæдтæхæг ^сыгъди йæ нысаны сæрмæ, æмæ, дам, Емельяненко та федта, куыд райхæлд Зæнджиайы фыртæп йæ парашют — уьтй зæхмæ афтæ æввахс райхæлд, æмæ, дам, тæхæг, æвæццæгæн, бабып уыцзæн. 25* 3-^5
Зæнджиаты Владимир кæй бабын, ууыл дызæрдыг н»ичи- уал кодта. 3 Хæтæлдоны саермæ уæлдæфон тохтæм бирæ чидæртæ дард- той сæ хъус. Кастысты йæм алыгъуызон адæм, комкоммæдæр ныхмæлæвæрд æнкъарæнтимæ: гитлеронтæ, хъæуы æппæт хæ- дзæрттæ дæр семыдзаг кæмæй уыдысты, стæй уæд хъæууонтæ. сæ хæдзæрттæй сырд чи фæцис æмæ ныр ныккæндты æмæцъа- ссыты утхайраджы цард чи кодта, уыдон. Дыууæ хæдтæхæджы хæхты ’рдæм куы аивгъуыдтой, стæй ма фæстæмæ æрмæст са> иу—сырхстъалыджын куы ’рбаздæхт, уæд тохмæ кæсджытæй, иутæ мæстæй тъæпп хаудтой, иннæтæ та рог сулæфыдысты. Иу- уылдæр федтой, тæхæг ма дыккаг фашисты дæр куыд раппæр-, ста, стæй ссудзгæ хæдтæхæгæй куыд рагæпп кодта. Афтæ фæз- дæгкалгæ уартæ къутæрджыны йæ дзæхстфæцыд æмæйæмгит-' леронтæ, балбирæгътау, сæхи ауагътой. Сылгоймæгтæ æмæ са- битæ куыдтой уырдæм кæсгæйæ, — зыдтой уым амардзысты хъайтары, кæд ма удæгас у, уæд... Фæлæ уый бæсты федтой ноджы æвирхъаудæр ныв: гитле- ронтæ сæ фæдыл ’хæр-хæргæнгæ рацæйластой тæхæджы сыгъд æмæ тугæрхæм буар. Баластой йæ иу хæдзармæ æмæ йæ уым зæхцъар уаты баппæрстой... — Цы ми йын бакæнæм? — фæрсы зæронд ус Басатц Ануш йæ чындз Фарузы. Уыдоч бадтысты;тæхæджы кæдæм бахастæ- уыд, уыцы хæдзары кæрты, акъоппы.—Бацæуæм мидæмæ —уы- дон нын нæ ныббардзысты, ма бацæуæм — нæхæдæг фæсмой- наг уыдзыстæм цæрæмбонтæм... — Бацæуæм, — дзуапп радта Фаруз, æмæ йæ чысыл лæп- пуйы æрбахъæбыс кодта. Зæххыл хаудæй кæй баййæфтой, уыцы адæймаджы фыц- цаг мард фенхъæлдтой. Иу тæригъæд уыд æрмæст йæ цæсгом- мæ бакæсын дæр: срæсыди æмæ æрзæбултæ сты йæ сыгъд цар- мы гæппæлтæ. Йæ иу къахкуыддæр фæкъæдзи: бæрæг уыд,-сас; кæй у. Сылгоймæгтæ йæм æпгуыбыр кодтой æмæ уайтагъл бафиппайдтой — лæг ма улæфы. Уæд ын донæй ранхъæвзтой йæ дзых æмæ йын бабастой йæ тугæрхæм хъæдгæмттæ. Уæдма* былтæ базыхъхъыр кодта æмæ йын иу чысыл дон аназын код- той, фæлæ уæддæр йæ цæсты уæлтъыфылтæ уыдысты ныхæст: афтæ зынди, цыма тæхæг бакуырми бынтондæр. Фаруз æрба- хаста мацъони æмæ дзы байсæрстой æрыгон лæппуйы цæсгом. Уый базмæлыд æмæ схъæрзыдта, стæй йæ цæстытæй æнæракæс- гæйæ бафарста: — Кæм дæн? Сылгоймæгтæ йын дзуапп куы радтой, уæд та райхъуыст йæ фæсус хъæлæс: 386
— Уæ зæрдыл бадарут: æз дæн Зæнджиатæй... Æрыдойнаг. фехъусын-иу кæнут уырдæм... Æдде æрбайхъуыст немыцæгты хъæлæба æмæ сылгоймæг- тæ ралыгъдысты кæртмæ. Уырдыгæй сæм хъуысти, немыцæгтæ куыд хъæртæ кодтой тæхæгыл — фарстой йæ, фæндыд сæ уымæй бирæ (истытæ базо- яын. Немыцæгтæ рацыдысты иу дыууæ сахаты фæстæ æмæ та уæд хæдзармæ ногæй баирвæзтысты Ануш æмæ Фаруз. Тæхсæг та фесæфта йе '-нкъарынад, йæ цæфты бæстытæ йын срæдывтой æмæ та йæ буарыл ногæй рацыд туджы лæсæнтæ. Фыццаг хат- тæй ’ныр зындæр уыд тæхæджы йе ’муд æрцæуын кæнын, фæлæ сын бантыст тыхамæлттæй æмæ гæзæмæ скаст йæ цæстытæй. — Цы сæ хъæуы дæуæй? — бафарста йæ Фаруз. — Фæнды сæ’ базонын, нæ аэродром кæм ио уый... Фæлæу- уæд, сбадон та мæ хæдтæхæгыл, гъеуæд æй базондзысты... Ба- зондзысты йæ! Æрбаздæхтысты та гитлеронтæ æмæ дыууæ усы хъиладзагъ- дæй рахастой кæртмæ, ноджы сæм бартхъирæн кодтой, зæгъгæ, додой сæ къона кæны, хæдзары ма сæ куы ’рбаййафой, уæд. Акопы бадгæйæ, Ануш загъта Фарузæн: — йæ зонд ма йæхи бар у, цымæ? Цы ныфсæй ма дзуры, хæдтæхæгыл сбаддзынæн ногæй, зæгъгæ? Ноджы ма иу цалдæр боны баззад Зæнджиайы фырт сæ ,\æдзары. Æмæ йыл æрвылбон дæр фарста кодтой гитлеронтæ, афтæмæй йæ удхарæй мардтой, æмæ та-.иу уый фæстæ алы хатт дæр хæдзармæ бахъуызыдысты устытæ. Уалынмæ дын, иу бон куы уыд, уæд гитлеронтæ тæхæджы раластой уынгмæ, рæвæрдтой йæ асиныл æмæ йæ ахастой стыр фæндагмæ, Фаруз кæуылдæрты хъæддзул акодта лæппуйы бын. Немыцæгтæй йæ чидæр топпы хъæдæй фæцæф кодта æмæ афæл- дæхт, стæй йæ комендатурæмæ аластой сæ фæдыл. Хæтæлдоны цæрджыты æрæмбырд кодтой фæндагмæ. Уæ- дæ уацайраг тæхæгæн æнæфехсгæ нал ис, зæгъгæ, ацы иунæг хъуыдыйæ дæр-ниу сæ уæнгты уазал дон ахъардта адæмæн. Фæ- лæ æцæгæй та федтой уымæй ноджы æвирхъаудæр хабар. Гит- леронты хъуыдымæ гæсгæ фехсын — рог æфхæрд уыдаид уыцы адæймагæн, кæнæ та, чизоны, уыдон фæндыд, уымæй йын йæ иубæстон адæмы сæрыстырдзинад басæттын. Гитлеронтæ æрба- хастой бæндæн, йæ иу кæронæй йын фидар сбастой лæппуйы къæхтæ, инни кæрон та — бæхы къæдзилмæ. Уый фæстæ бæхы ^уырджын фæндагыл тардтой уæдмæ, цалынмæ лæппуйы сæры хил сырх-сырхид наб адардта æмæ йæ цæсгом та мæрдон сау нæ ныцци. Уый фæстæ фæндаджы цур ракъахтой уæрм æмæ уым ныппæрстой тæхæджы æнæуд буары. Ахицæн ууыл хъуыд- даг — нал уыд хъæбатыр цæргæс... Фарузы рауагътой комендатурæйæ, фæлæ куыддæр Сове- тон Æфсад размæ бырсын райдыдтой, афтæ та йæногæй æрцах- 387
стой, стæй Ануш æмæ чысыл Боряйы дæр æмæ сæ акодтой Про- хладноейы ’рдæм. Уацары уæвын зын уыд, фæлæ бирæ нæ ахас- та: 15 январы сæ ссæрибар кодтой советон салдæттæ. Æвирхъау хабар сæмбæлд Басаты Фарузыл Хæтæлдоны: йæ мад сыхаг хъæуы царди. Зæронд ус йæ чызг æмæ йæ чы- сыл лæппуйы саубон куы фехъуыста, уæд мæстæй атыдта йæ зæрдæ... Йæ фæстæ Орджоникидзейы горæтæй Фарузмæ æрцыд иу сылгоймаг æмæ йæ бафарста, зæгъгæ, йæ хæдзары цæфтæй хуыссыд тæхæг Зæнджиаты Владимир, æмæ æцæгæй федта, гит- леронтæ йæ хъизæм^арæй куыд амардтой, уый? Фаруз уайтагъд бафиппайдта, чи хъуамæ уа æнæзонгæ сылгойма-г, стæ.й ноджы йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ мады карз хъысмæт æмæ архайд- та, цæмæй уазæг усы зæрдæ ма фæрыстаад, загъта: — Ацы хæдзары уыдис, уый æцæг у? фæлæ йын æвирхъау ми бакодтой, уый æз нæ федтон. — Чизоны ма удæгас у- — бафарста сылгоймаг æмæ Фаруз бамбæрста, Зæнджиаты Владимиры мад кæй нæ федта, Хæтæл- доиы цæрджытæ хъайтары ингæныл цы хъæдын цырт ныссагъ- той, уый. — Кæй зæгъын æй хъæуы, гæиæн ис, æмæ удæгас уа — загъта Фаруз. — Дзырдтой, цыма, дам, æй чидæр федта Диго- райы лагеры... Фаруз æрмæст йæхæдæг зыдта, мæнг ныхас кæй загъта, уый. 4 Бæрæг нæу, гитлеронтæ уæрм фæстæмæ цæмæы скъахтой, хъæуы цæрджытæ сæ хæдзæрттыл куы фæпырх сты, уæд. Чи- зоны, тарстысты тæхæджы марды хъæууонтæ сусæгæй æндæр искуы куы баныгæной, уымæй. Уæрм куы ракъахтой, уæд фед- той, тугæрхæм буар змæлы. Уæдæ, зæгъгæ, ногæй ницы хабæрт- тæ радзурдзæн къæйных хохаг, уымы бæстæм куы атезгъо кодта, уый фæстæ? Зæнджиайы фырты йе ’муд æрцæуын кодтой æмæ йæ алас- той кæдæмдæр. Уым та йæ ногæй афтæ фæнадтой, æмæ ницы уал æмбæрста. Афтæмæй нæ базыдта, Дигорайы лагермæ куыд бахауд, уый. Фæлæ уым чи уыд, уыдон дзурынц, куыд зын-му уыд алы хатт дæр йе ’рчъицын кæнын, фарста-иу ыл куы код- той, уый фæстæ. Дигорайы æфсæддон уацайрæгты иууылдæр акодтой Прох- ладноейы лагермæ. Адæм-иу æрхаудтой фæндагыл сæ фырмæл- лæгæй, нæ урæдтой сæ хъæдгæмтты рыст, фæлæ уæддæр се ’ккой хастой сæнттæцæгъдæг тæхæджы. Прохладноейы лагеры Зæнджиайы фыртыл хуыздæр бон нæ уыд: ам дæр та — фарста æмæ хъизæмæрттæ. Уымæн йæ бон цæуын нæ уыд — гитлерон- 388
т#- йæ ластой зæххыл. Йæ бон нæ уыд хлррьш, й& хъуыры-иу ый •гыххæй ауагътой цæхдоны тъылланг. Знæгтæ, кæй зæгъын æй хьæуы, нæ архайдтой йæ фервæзын кашыныл, фылдæр ын код- той йæ хъизæмæрттæ. Уыдонæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, куыд зынаргъ сын слæудзысты сæ фыдмитæ. Æппынфæстаг Зæндж-иайы фырт бахауд Славутмæ. Уырдæм та фæндаг уыдис даргъ æмæ тæссаг. Вагон—адæ- ма»й уыд тыхнад, нæ дзы уыд æрбадæн, иууылдæр кодтой лæ\г гæ, афтæмæй та сæ фылдæрæн нæма байга<с сты сæ хъæдгæмт- тæ, нæ сын уыд, сæ цæфтæ цæмæй бабастаиккой, уый, нæ сын уыд хæринаг. Алы станцы дæр-иу вагонæй ракалдто.й цалдæр- гай мæрдтæ. Иу хатт эшелон кæцыдæр станцы куы ’рлæууыд, уæд Зæнджиайы фырт ахъæр кодта, вагоны цармæ хæстæг цы чысыл фæрссаггонд уыдис, уырдыгæй, зæгъгæ, ваго-ны сты цæф хæстонтæ, æмæ, зæгъгæ, мæлынц æххормагæй æмæ тугдзыдæй. Ахъæр кодта, бынтондæр æй ницы ныфс уыди, афтæмæй: уы- мæн æмæ зыдта, эшелоны хъахъхъæдтой немыцаг салдæттæ. Фæлæ .куы ’рталы-нг, уæд фæрссаггондæй æнæнхъæлæджы тæ- хын райдыдтой дзулы лыггæгтæ æмæ бинтытæ. Славуты «Гросс — лазаретмæ» цæф уацайрæгты ластой, сдзæбæх ’сæ кæной, уый тыххæй нæ, фæлæ сæ цæмæй скуынæг кодтаиккой фылдæр фыдмитæй. Уыцы «мæлæты лазареты» æр- вылбон дæр марди 300 адæймаджы онг. Æмæ дзы йæ уæвына- ды дыууæ азы дæргъы та стыр хъизæмæрттимæ скуынæг кодтой ;едыппæт 150 мин адæймаджы. Гъе, ахæм зындоны ныппæрстой тæхæг Зæнджиайы фырты, кæцыйæн йæ бон цæуын нæ уыд æнæ лæдзджытæй, йæ буар æнæхъæнæй дæр уыд цæфтæ æмæ сыгъд, уьпгмæ ноджы фæрынчын тифæй. Зын зæгъæн у, куыд удæгас ма уыд, ^ый дæр. йæ алфæм- блай æдзух мардысты адæм — сæфтысты сæ цæфтæй, низтæй, æххормагæй, знаджы нæмгуытæй. Фæлæ уый царди. Фыдмитæ йын кодтой сæ зæрдæйы дзæбæхæн, йæ къухтæй-иу ын стыдтой йæ лæдзджытæ, йæ хъæдгæмттæм-иу ын ныддардтой судзгæ папирос. Лæгмартæ дзы хъазæнхъул скодтой, хæснагыл-иу слæууыдысты: цас ма бафæраздзæн ацы цæрдхъом кавказаг, зæгъгæ? Хатт-иу Зæнджиайы фыртмæ афтæ касти, цыма «Гросс-ла- зарет» уæвгæ дæр нæй, фæлæ, сæнттæ цæгьдæгау, йæ цæсты- тыл уайы: «мæнæ, гъе, цыма рагæпп кодта бæрзонд ранæй, ныр- т«жкæ йæх*и уыцы иу цæф фæкæндзæн зæххыл æмæ фервæз- лзæн йæ хъизæмæрдтæй. Æмæ-иу йæ рагæппы хабар йæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд-иу æрымысыд, куыд атахт, уый дæр æмæ уыимæ ноджы 0*фæ цыдæртæ: Хетæджы къох, хохрæбынмæ «мессершмитт» ^уыд æрцæйхауд, уый, стæй уæд Хъазбеджы митын худ дæр, æмаэ йæ зæрдæ тынгдæр цæуыл тыхст, уый та-иу сноги. Æдде бакæсгæйæ афтæ зыиди, ныма æдыхæнæуд у æмæ йа^ бынто:г 38«)
дæр ;ницы ’ндавы. Фæлæ-иу æхсæвыгæтты йæхи ахуыр кодта æнæлæдзджытæй цæуын. Æххуыс ын кодтой йе ’мбæлттæ: сове- тон адæймæгтæ а,м дæр æцæг адæймæгтæ уыдысты. «Бæрзонд ранæй рагæпп кæнын»-ы хабар дзы байрох, Зæн- джиайы фыртæн талынг камерæйы (иу къулæй иннæмæ æнæ ис- кæй æххуысæй ацæуын йæ къухты куы бафтыд, уыцы бон. Славуты «Гросс — лазаретæй» ралидзыны амал уæвгæ дæр нæ уыд. Лагерыл æртыхст сындзын æмбæндты фидар хыз. Æмбонды алфæмбылай алы 30—40 метры æвæрд уыдысты бæр- зонд вишкæтæ, уыдоныл та — хъахъхъæнджытæ пулеметтæ æмæ прожекгортимæ. Фæлæ-иу уæддæр нæй-нæй æмæ исчи алыгъдавд. Ахæм хабар та-иу рауад, æфсæддон уацайрæгтæн- иу лагерæй ,мæрдты куы хæссын кодтой, уæд, кæнæ-иу сæ хæс- тæгдæр хъæдмæ кусынмæ куы акодтой, уæд. Куыстмæ цы фæндаг цыд, уымæн йæ дыууæ фарсы бæрæг дардтой ’чысыл къуыпппæидтæ — уацайрæгтæй-иу фырстадæй цæуын чи нал фæрæзта, æмæ-иу хъахъхъæнджытæ кæй фехс- той, уыдоны ингæнтæ. Гъе, уымæ гæсгæ сарæзта Зæнджиапы фырт дæр йæ алыгъды нывæзт. 1943 азы 23 майы (ныр Зæнджиайы фырт ногæй нымайын райдыдта болтæ) уый сæдæгай ахстытимæ иумæ ракодтой лаге- рæй. Фæндагыл Владимир фæстийæ аззад, хъахъхъæнæг дард фæхаста æхсæнгарз, хъуамæ йæ фæцæф кодтаид. Уæд дын Зæн- джиайы фырт айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ йæ тых йæ бо- нæй хъахъхъæнæгыл æруагъта йæ лæдзæг. Стæй дыууæ лæдз<æ- джы дæр аппæрста æмæ хъæды тарфмæ лыгъд радта. Йæ фæ- дыл къуыззиттытæ гæнгæ тахтысты нæмгуытæ... Иу мæйы фæстæ æрыгон лæппуйы (æцæг æм ныр æрыго- ны хуызæнæй ницыуал уыд) ссардтой партизанты развæдагур- джытæ. Уын хуыссыд уæлгоммæ æмæ афтæ зынди, цыма бан- дзыги. Зыи бамбарæн у, куыд ма баззад удæгасæй, — уæда^ йын хæринаг дæр уый бæрц кæм уыдаид, уыцы бонты! Парти- зантæ йæ мард фенхъæлдтой, фæлæ иу æмæ дыууæ хатты куы- лæ райгас... Баззад Владимир партизантимæ. Йæ хъæдгæмттæ нæма байгас сты, хæдтæхæгыл сбадын æмæ атæхыныл дзурæн дæр нæма уыд. Фæлæ уый фæидыд æвæстиатæй исты саразын, рæх- джы, цæмæй равдыстаид, знагмæ йе ’нæуынондзинад куыд фæ- фылдæр, йæ зæрдæ йын цы фыдæхдзинад сыгъта, уый... Ьирæ дзурæн ис 1ирон тæхæджы сгуыхтдзинæдтыл, кæцы ссис Каме- нец-Подолъскы æмæ Ровнойы областы архайæг Ворошиловы но- мыл партизанон къорды хæстон, стæй та йæ политрук. Зæгъ- дзынæн дзы, Зæнджиайы фырт «Сырх Тырысайы» орден райсыны охыл цæй тыххæй бавдыстой, æрмæст, уыцы уæндон диверсийы тыххæй: Олевск—Ракитинойы районы рельсытæй фæмппæрд кодта эшелоны. Уым уый ныппырх кодта 16 вагоны æмæ скуы- нæг кодтой 300 гитлеронæй фылдæр. Фæла> йын уый цъус уыд. 390
\æ зæрдыл дардта, æрвылбон дæр-иу Славуты «Гросс-лазареты» советон адæймæгтæй цас фæцагъды! Уымæн тынгдæр йæ зæрдæ ^хсайдта ногæй атæхынмæ, йæхи авиаполкмæ. Уæлдæфæй-иу !ем советон хæдтæхджыты уынæр куы райхъуыст, уæд-иу дзы байрох, къуылых кæй у (афтæ баззад цæрæнбонтæм), йæ буар æнæхъæнæй дæр цæфтæ æмæ «остæ кæй у, уый... Хæрзбон ын загътой, зæгъгæ, уый зын уыд йæ хæстон æм- бæлттæн, фæлæ уыдон хорз æмбæрстой, Зæнджиаты Владими- ры мид-зæрдæйы уаг. Афтæмæй 1944 азы сæрды уый æрвыст сррцыд «Стыр зæхмæ». 5 Ныр та уын хъуамæ радзурон Зæвджиаты Владимиры би- ографийы æндæр цауы тыххæй. Æцæг, адзоны, хуыздæр уаид, уый куынæ рымысиккам, уæд, фæлæ ахæм хабар йæ царды уæвгæ уыд æмæ йын æнæрадзургæ нæй, цæмæй бамбæрстæуа, \арддæр ыл цы ’рцыд, уый. Бæрæг куыд у, афтæмæй фашистон уацары чи уыд, уыцы адæймæгтыл иу заманы æнæууæнк кодтой. Зæнджиайы фырт- мæ йæ райдианы æндæр цæстæй ракастысты. Хорз зындгонд уыдысты, уацары цы уавæрты бахауд, уыдон, <стæй ма уый фæс- тæ цы ’рцыд, æппæт уыдæттæ дæр: йæ ралыгъды истори, парти- занты къорды йе сгуыхтдзинæдтæ. Гъе, уымæн фæзынд йæ до- кументыл дæр ахæм хаццæг: «Зæнджматы В. С. сæрмагонд ла- гермæ бæрæгкæнынмæ æрвитинаг нæу». Фæлæ йын алы æфсæнттæ кодтой, авиацион полкмæ йæ кæй не ’рвыстой, уый тыххæй: дзырдтой, зæгъгæ, зонгæ нæу ног рауагъд хæдтæхджытимæ, куы та — хъæуы ма, дам, дын .хоскæнын æмæ афтæ дарддæр. Боны фæсташæ нал бабыхста æмæ фæлыгъди. Никæй бафарста, афтæмæй арасти йæхи полк агурæг. Ахæм архайдæн йæ фæстиуджытæ иууыл æхсызгонтæй нæ уыдаиккой, фæлæ штурмгæнæг дивизийы (уый уыд йæхи ди- зизи) командир — инæлар Гетьманы раз куы балæууыд, уæд Зæнджиайы фырт бамбæрста, æвзæрæй дзы -кæй ницы уыдзæи. Командир бафæлвæрдта, цæмæй йæ сразы кодтаид штабы ныл- лæууьшыл. Фæлæ Зæаджиайы фырт фæлхатт кодта: — Нæ, æз тæхгæ хъуамæ кæнон! Тæхгæ æрмæстдæр... Уæд инæлар загъта: — Гъемæ, уæдæ фæрнæй тæх! Фашисттæ та дæ се сæфт куыд феной... Æэтпынфæсгаг Зæнджиайы фырт ссардта йæ бынат 7-æм гвардион полчы, йæ хæстон хæлæртты ’хсæн. Уыдои ыл зæрди- агæй кæй сæмбæлдысты, уымæ гæсгæ йæм .афтæ каст, цыма райгуырд ;Ногæй. Райдыдта ахуыр кæнын ног машинæйыл æмæ йæхи цæттæ кодта хæстон атахтытæм... Æмæ мæнæ ралæууыд, рагæй кæмæ ’нхъæлмæ каст, уыцы 391
хæсгон атахты, бон: Зæнджиайы фырт ацыд штурмкæнынмæ.. Йæ дыккаг хæстон архайд къатдæр трагедийæ нæ фаэуд кодта. Иæ хæдтæхæг ын сдæф кодтой. Парашютæй рагæпп кæныны афон дæр ын уыди, фæлæ Зæнджмайы фырт ууыл хъуыды дæр нæ акодта. Уымæ разындаид ногæй æппæт зындзинæдтæ сфæл- хатт кæныны тых, æгæрыстæмæй, уацары хъизæмæрттæ ног ба: фæразыны хъару дæр. Æрмæст ыл ма бахудтаид, чи йыл бау- уæндыд, уыцы æмгæртты зæрдæ. Уыимæ Владимир æмбæрста, ныр уый, 1942 азы куыд уыд, афтæ, хæдтæхæгыл иунæг кæй нæу, фæлæ’ кæй лæвæрдта дзуапп экипажы дыккаг уæнг — æхсæг Владимир Гаркуны царды тых- хæй дæр. Зæвджюайы фырт æм микрофоны бадзырдта, зæгъгæ, йыц бар дæтты, цæмæй агæпп кæна, фæлæ Гаркун бамбæрста, командир йæхи фæстæ кæй æруромдзæн æмæ баззад йæхæдæг ’дæр. Валодяйыл бæстæ атар. йæ хæд уæлвæд ма ауыдта, хæд- тæхæджы цæлхыты бын махонты акъоппытæ куыд атахтысты, \ый.,Хæдтæхæг йæхи ацавта хъæды дзыхы æмæ бæлæсты ’хсæа бамыр. Гаркун судзгæ машинæйæ райста йæ командиры. Ацы хатт Зæнджиайы фырташ йæ хъуыддаг, цыма, æнцон- дæрыл ахицæн. Иу къуыри баззад медсанбаты. Хъустæй фæ- рæвдз: хъусын райдыдта. Æрмæст сæр нæма уыд нывыл. Мидæ- гæй дзы æдзух цыдæр гуыз-гуыз кодта, фæлæ йын бантыст уы- цы сахъатдзинад дохтыртæй басусæгкæнын. Райдыдтой æрвылбонон хæстон атахтытæ, уыд ахæм бонтæ æмæ-иу дыууæ-æртæ хатты дæр ацыд штурм кæнынмæ: тырныд- та, цы фæцух, уый баххæсткæнынмæ. Цалынмæ хæст цыди, æмæ ма цалынмæ Зæаджиайы фырт йæхи полчы уыд, уæдмæ-иу хъуыддаг æрвылхатт дæр алыг ууыл, æмæ-иу кæмдæр фесæфтысты, йе схорзæхджын кæ’ныны тыххæй-иу цы гæххæтытæ арвыстой, уыдон. Хæст куы фæци, уæд та йæ æнæнхъæлæджы аивтой æндæр дившимæ, стæй йæ* уæд бынтондæр суæгъд кодтой æфсадæй. Зæнджиаты Владшшрæн йе онг 1нæ амард. Уый тох кæньш райдыдта, тæхыны бар ын кæй ис, ууыл, цæмæй дардтаид, тынг зынаргъ ын чи слæууыд — ома, советон æфсæддон тæхæджы дарæс. Æмæ уæвгæ, иунæг дæр нæ уыд аны хъуыддаджы; Ле- нины æмæ Сырх Тырысайы ордентæхæссæг, раздæры севосто- прйлаг 7-æм гвардион-штурмгæнæг полчимæ æфсымæрдзинад баззад сабырады рæстæджы дæр (уый ма уæвы ныр дæр). Зæнджиайы фырты фæстæмæ айстой æфсадмæ æмæ ма дæс азы размæ дæр тахти йæхæдæг æмæ ахуыр кодта тæхыны дæс- ныйадыл æндæрты дæр, цалынмæ йæ зæровд хъæдгæмттæ хъыг- ’дарын нæ райдыдтой, уæдмæ («Уый æнцой цардæй у,» — фи- да^æй дзырдта Владим1ир). Фæлæ æфсадыл бынтондæр къух сисын нæ бацис йæ бон. Ныртæккæ Зæнджиаты Владймир у ’Цæгат Ирыстаны ДОСААФ-ы ком^итеты сæрдар. 392
Æз Валодялмæ базонгæ дæн 1944 азы Белоруссаг дыккаг фронты, партизанты къордæй куы ’рбаздæхт, уый фæстæ. Æм- бæлгæ та фæкодтам быдырон аэродромы, Зæнджиайы фырт дыууæ азы фæцухы фæстæ хæстон атахтмæ йæхи куы цæттæ кодта, уæд. Æз ныхас кодтон йемæ, куыд «Фронтовая правда»- йы уацхæссæг, афтæ. Редакцийæ ма мемæ уыд Слава Шаровс- кий. Уый нын (нæ ныв систа æмæ мах Зæнджиайы фыртæн загъ- там нæ фæндиаг — фæрнæй куыд фæтæха. Уыцы атахтæй æрбаздæхтысты Зæнджиайы фырты йедтæмæ нннæтæ иууылдæр. Рæстæг цьтди, фæлæ уый иикуыцæй зьгнди, ницыдæр дзы хабар хъуысти. Мах сфæнд кодтам авиаполчы бахсæвиуат кæнын. Уыцы æхсæв мæныл хуыссæг не ’рхæцыд. Æцæг, нырма бон раздæр федтон Зæнджиайы фырты, фæлæ та :иууыл тæссагдæр уавæры кæй бахаудаид, ууыл хъуыды кæн- гæйæ, зæрдæ рысти. йæ райсомы дæр нæ барухс нæ зæрдæ ног хабарæй æмæ мах уæззау æнкъарæнтимæ рарастстæм авиаполкæй. Цынæ вæй- йы, зæгъын, уæддæр — æз ма бахатыдтæн лæппутæм, цæмæй мæм фæдзурой редакцимæ, исты бæрæг дзы куы базоной, уæд. Цалдæр боны фæстæ мæм æрбадзырдæуыд, телсфонæй дæм си- дынц, зæгъгæ, æмæ ма мæ цинæн кæрон дæр уыд, Валодяйы хъæлæс куы базыдтон, уæд! Уымæй ноджы бон фæстæдæр та «Фронтовая правда»-йы мыхуырæй рацыд мæ очерк «Зæнджиа- ты Владимиры дыккаг цард». Мæ очеркы ,ахæ,м сæргондæй сфæ- лындзгæйæ, æз «сфæлхатт кодтон æрмæст литературон трафа- рет... Уым хорзæй ницы уыд, æвæццæгæн, уымæн æмæ Зæнджи- айы фыртæн йæ цард уæрæхдæр æмæ вазыгджындæр уыд. Æр- мæст мæлæтæй цал хатты æрыздæхт, ууыл куы ахъуыды кæ- нæм, — уый дæр кæуылты у! Хæсты фæстæ æз æрæгмæ фембæлдтæн Зæнджиайы фыр- тыл. Мæнæн зындгонд уыдис æрмæст— уый кæй цард æмæ кæй тахти уæлахизы онг. Фарон ,мын цы мысинæгты чиныг рацыд «Ивгьуыдыл хъуыды каангæйæ», — зæгъгæ, уым йæ кой ракод- тон ;иу сæргонды æмæ йæ фæдæн ахæм фарстæй. «...Куыд цæ~ ры уый хæсты фæстæ: куыд сарæзта йæ ног, сабыр дуджы ца.рд, — нæ зонын цалæймаг хатт æй райдыдта- Уый фæстæ райстон фыстæг раздæры 7-æм штурмгæнæг полчы командир, оставкæйы булкъое К. Н. Холобаевæй. Конс- тантин Николайы фырт мæм фыста: «Володя у сæрæгас æмæ Фнæниз, цæры Кавказы. Мæнæ йæ адрес: г. Орджоникидзе, Цæ- гат Ирыстоны АССР, Дзанайты Иваны уынг, 44-а хæдзар, 50 фатер... Фæстаг хатт ма фембæлдыстæм Мæскуыйы Уæлахизы дыууынæм азы базрæгбон — 9 майы... Æрæмбырд æнæхъæн полк. Сæрмагондæй дзы оолчы раздæры службæгæнджытæй уыди 71 адæймаджы, фæлæ ма бæрæгбаны >немæ уыдысты не мкъæйт- 393
тæ æмæ нæ еывæллæттæ дæр, æгæрыстæмæй, цоты цот дæр, уы- дысты дзы, хæсты чи бабын, уыдон ныййарджытæ æмæ хæстæ- джытæ, æдыппæт — 350 адæймаджы, уыдис дзы Зæнджиаты Владимир дæр. Æз æй хонын «сыгъд хæйрæг», афтæ бавæры уый дæр йæ къух, цы фыстæджытæ мæм фыссы, уыдоныл». Р1æ хæдфæстæ райстон зæрдиаг фыстæг Зæнджиайы фыр- уы эскадрилийы раздæры командир, Советон Цæдисы Хъæбатыр В. Б. Емельяненкойæ дæр. Уыцы æхсæв телефоны фæдзырдтон Орджоникидземæ. Зæнджиайы фырт мемæ дзырдта афтæ, цыма 22 азы раз- мæ нæ фæхицæн стæм кæрæдзийæ, фæлæ знон, кæиæ æндæрæ- бо’н: — 5 ноябры ды хъуамæ уай Ирыстоны... — Æмæ цы уыдзæн ноябрæн йе ’фондзы, — дæ райгуырæн бон? — Нæ. О, хæдæгай æцæг афтæ у!.. Уыцы бон æз æмæ ды хъуамæ уæм Хæтæлдоны ... Мæнæй рох кæм уыд, 1942 азы 5 ноябры Зæнджиайы фыртыл цы ’рцыд, уый. Æз ахъуыды кодтон, æнæмæнг мын тагъд сара- зинаг чи ис, уыцы хъуыддæгтыл, бамбæрстон, къах атилæн мын ’нæй, фæлæ дзуапп радтон Валодяйæн: — Æрцæудзынæн! Орджо’никидзейы вокзалы мын ныхъхъæбыс кодта æрыгон, хæрзæрыгон адæймаг, йæ уæлæ æфсæддон нæ, фæлæ æнæуый дарæс (йæ сæры урс хилтæ йын æмбæхста йæ шляпæйы аууон). Афтæ мæм фæкаепи, цыма 20 азы дæргъы нæ фæас, фæлæ æв- зонгдæр фæци: йæ тæссаг хъизæмæртты фæстæ, мах фронты куы фембæлдыстæм, уæд та æнхъæлдтон, ацы хъуынтъыз, ма- дзура тæхæгыл нæудзæн æппынкъаддæрæй 40 азы... Валодя мæ базонгæ кодта йæ мад Олгъаимæ, йе ’мкъай Нинæимæ, стæй йæ чызджытæ: Валентинæ, Людмилæ æмæ Ол- гъа«имæ. Базонгæ дæн йæ бирæ хæлæрттимæ. Уыдон дæр сæхи немæ рабæлццон кодтой. Æмæ ныццыдыстæм Хæтæлдонмæ. Мах стæм, Валодяйы фашисттæ хъизæмарæй кæм мардтой, уыцы хæдзар, уыцы уаты, Ануш æмæ Фаруз Зæнджиайы фырты фервæзьш кæныныл уд- уæлдай тох кæм кодтой, уым. Ануш удæгас нал у, æмæ уазджытæн лæггад кæнынц Фа- руз æмæ йæ фырт Барис (уый у Хæтæлдоны колхоз «Лени- нон»-ы сæйраг агроном, каст фæцис институт æмæ йæхи цæттæ кæны аспирантурæмæ). Уазджытæ бирæ сты, тынг бирæ — уы- дон æрцыдысты автобустыл æмæ иу цалдæр машинæйыл Ор- джоникидзейæ. Æрæмбырдысты хъæуы цæрджытæ дæр. Уаты рабадтысты æрмæст уазджытæ æмæ Хæтæлдоны хъæуы хистæр- тæ, иннæтæ — тыргъы æмæ кæрты. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хе- тæджы къохмæ цы адæм æрæмбырд вæййы, уыдонæй ам уыдис къйддæр. Фæлæ гаджидæуттæ сидын куы райдыдтой æмæ се 394
’ппæт дæр рагон ирон æгъдаумæ гæсгæ уазджыты цæрæнбоны тыххæй. Фарузы, стæй Хетæг-Зæнджиайы фырты тыххæй оммен кæныныл куы схæцыдысты, уæд сæ хъæлæс нæрыд, æвæццæгæн, Хæтæлдонмæ дардæй цы хæхтæ зынынц, уыдоны онг дæр. Кавказы хохрæхысæй раджы æрхъуызыд æхсæвы тар, фæ- лæ ма уæддæр гаджидæуттæ оидынц. Уæд фæкæнынц зæрдиаг ныхæстæ адæймагæн, алы .хатт ын амондджын чи нæ вæййы, уыцы ивгъуыд бонтыл æмæ йæ амондджын, æнæмæнг амонд- джын фидæны тыххæй. Уый афтæ кæй уыдзæн, ууыл ам дьь зæрдыг ничи кæны. Алы сидты дæр ис поэзи æмæ юмор, стæи абоны царды æцæгдзинад æмæ рагон таурæгъы мотивтæ дæр. Æниу куы зæгъæм, уæд таурæгътæ дæр — адæм кæй скæнынц, — айдагъ фантазийы фæстиуæг нæ вæййынц. Уыдонæн дæр сæ бындур у, адæм бæрзоид кæй систой æмæ æнæмæлгæ чи ссис, ахæм æцæгдзинад. Фæлæ уыщы æгъдау кæд цыфæнды рæсугъд æмæ зæрдæмæ- хъарæг у, уæддæр алкæмæн ис йæхи афон. Æз нæ хатын зæрæд- ты æнцъылд цæсгæмттыл, хæрзчысыл дæр банозтджын сты. зæгъгæ, ахæм миниуджытæ. Уыдонæн сæ хъæлæстæ нæрынц, дыма ноджы февзонгдæр сты, уыйау, фæлæ мæнмæ кæм ис ахæм фæлтæрддзинад? Уыцы хъуыды æз бадзырдтон Валодяйы хъусы, æмæ мын уый бамбарын кодта, зæгъгæ дæ фервæзын кæндзæн æрмæст <исты хъазæн ныхас. Уæд æз бадзырдтон æф- синмæ: — Зынаргъ Фаруз! Ауадзут мæ ардыгæй фарнимæ, -цæмæй Мæскуымæ куы ’рыздæхон, уæд мæ ма бахъæуа ахæм хабар радзурыны сæр: уæ хæдзармæ куы ’рбахæссынц æрдæгмард лæджы, уæд ардыгæй ацæуы удæгасæй, фæлæ уæм удæгас адæй- маг куы ’рбацæуы, уæд та йæ ахæссынц æрдæгмардæй... Хъазæн ^ныхас уадиссаг ахадæн нæ уыд, фæлæ бакодта йæ кæнон: рауагътой мæ фарнимæ. Рафæндараст мæ кодта Валодя æмæ йын иогæй рулыл уы- нын йа^ фидар æмæ афтæ бирæ чи бавзæрста, уыцы къухтæ, костæ æ*мæ сыгьды фæдтимæ.Æз æруагътон, машинæйæн фæр- сырдыгæй цы а’вг ис, уый. Валодя худы йæ мидбылты: — Сулæф адджынæн, — дзуры уый, — сулæф арфдæр. Ирыс- тоны уæлдæф у уый! Ам алы сулæфт дæр уæлдай цæрæмбон у. Махмæ таураегъ дæр ис... Æз æм хъусын æмæ хъуыды кæнын: цымæ нæ хаты йæхæ- дæг — таурæгъ, Ирыстоны иууыл рæсугъддæр таурæгътæй иу кæй у, уый?
Богазты Умар УЫЙ БАФЫСТА ЙÆ ХÆС 1943 аз. Февралы мæй. Советон хъæбатыр æфсæдтæ Ста- линграды цур бæрзæйсæттæн цæф ныккодтой немыцаг-фашис- тон æфеæдтæн. Ростовы ’рдæм хъазуатæй бырсгæйæ, не ’фсæд- 1æ мæйы райдианы рахызтысты Азовы денджызмæ æмæ сæ фæндæгтæ алыг .кодтой немыцаг 17-æм æмæ 1-æм танкты аршг тæн. Немыцæн сæ зæрды уыди, цыфæнды куы уа, уæддæр Кагг казы баззайын фвдæны ны-ббырсты операцитæ саразыны тых- хæй. Гъе, уымæ гæсгæ сæйраг тыхтæй æрфидар кодта район Краснодар-Тимашевская-Крымская. Советон æфсæдтæ, зиаджы къорды дæгат-хурыскæсæн æмд> хуссары ’рдыгæй ныодæвгæйæ, бырстой размæ. 12 февралы суæгьд кодтой Краснодар æмæ 22 февралмæ рахæццæ сты Славянскаяйы æмæ Крымскаяйы станицæтæм. Ацы фронты чн хæцыд, уыдон зонынц, уьщы лæстытæ куыд æиауæрдон уыдыс- ты. Тох цыдис зæххы алы метрыл дæр бонæй дæр æмæ æхсæ- вæй дæр. ’ " ’ Уыцы хæстыты сæхи хъæбатырæй равдыстой 83-æм денджы- зон бригады æфсæддонтæ. Бригады батальонтæй иуы комак- дйры хæдивæгæй уым архайдта не ^мбæстаг Зæнджиаты Ге- ор,ги дæр. Немыцаг-фашистон лæбурджытæ куы федтой, не ’фсæдты сæйраг цæфтæй иу Крымскаямæ арæзт у, уый, уæд сæхæдæг дæр уыцы районы сарæзтой |цалдæр бырсты. Фистæг æфсæдтæн æмæ танкæтæн знаг æххуыс кодта хæдтæхджытæй. Зæхх рыз- ти, сыгъди. Зæнджиаты Георги йæ батальюнимæ фидарæй лæу- уь*ди немыцæгты пыхмæ. Уыцы хæстыты иу заманы не ’фсæдты 396
бахъуыд ног позицитæм ахизын, иу ран фронты æрбарæмыгъ- той немыцаг танктæ. Батальон йæ бынат фæстæрдæмдæр куы лвта, уæд Георги «цыди æппæты фæстæ. Фистæг æфсады хъахъ- дъæдтой танктæ. Лдагумы доны был мах танктæ æмæ немыцаг танктæн ба- цайдагъ карз тох. Бирæ нæ ахаста, афтæмæй тохы бынаты баззад дзæвгар танктæ, сæ иутæ судзгæ кодтой, иннæтæ æнæ- фезмæлгæ лæууыдысты. Немыцы танктæй ма чи баззад, уыдоп уайтагъд фæаууон сты, махонтæ та сæ фæсте сырдтой гæрах- гæнгæ. Георги, танктæ кæм хæцыдысты, уым бафиппайдта, нæ цæф танктæй иуæй адæймаг .куыд рахаудта, уый. «Æвæццæгæн, фæцæф, — уайтагъд ахъуыды кодта Георги. — Фервæзын кæ- нын æй хъæуы!..» Георги фездæхти судзгæ танкы ’рдæм. Бирæ йæ нал хъуы- дис, афтæмæй доны фалейæ къудэитæй фæзындис знаджы язфсæддонты къорд. Уыдон æхстой Георгийы. Уый уайтагъд зæххыл æрхуыссыд æмæ сæ йæхæдæг дæ,р æхсын райдыдта. Уыдон дæр сæхи бааууон кодтой. Уæд Георги бырын райдыдта, ьæмгуытæ йæ сæрты «цъух-цъух кодтой. Размæ быргæйæ, йæ цæст дардта цæф адæймагмæ. Уый-иу хатгай фезмæлыд, иу чысыл-иу абырыд, стæй та-иу банцад. Æппынфæстаг йæ размæ бахæццæ Георгн. Цæф адæймаг разынди булюэон, советон танкист. йæ дзаумæттæ уыдысты тугæй ахуырст. Кодта тыхулæфт. Георги булкъоны йæ уæлæ сфæлдæхта æмæ фæстæмæ бырын райдыдта. Бырыди лæнкауы я^мæ йæ немыцæгтæ нæ уыдтой. Рæстæг дыди. Георги цæф булкъонимæ дзæвгар куы ра- бырыд, уæд æй æрæвæрдта æмæ йæ уæрджытыл слæууыди. Лкасти, немыц кæцæй æхстой, уыцырдæм. Уыдонæн сæ кой дæр нал уыд. «Тагъд кæнын хъæуы, кæннод мæ ацы .гом ран куы æрбаййафой, уæд иæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн», — ^хъуыды кодта Георги. Ие ’ккойы скодта цæф булкъоны æмæ арасти. Быргæйæ тынг бафæллад, хатгай-иу йæ цæстытæ ата- рытæ сты, фæлæ уæддæр фæрæзта. Ныр йæ къæхтыл цæуын куы райдыдта, уæд ын фенцон- дæр. Фæлæ йын уæддæр зын уыд цæф адæймаджы хæссын. Лрæх ггфлæу-æрлæу кодта, йæ фæллад уагъта æмæ-иу йе «’ргъом» дзæбæхдæр сæвæрдта. Афтæ фæцыди Георги, бонæй ма Пы рæстæг баззад, уый. Изæрырдæм сæмбæлд >нæ фистæг æф- сæддон хайыл. Разынд дзы медсанбат дæр. Уайтагъд ссардта командиры. — Мемæ ис уæззау цæф булкъон, — бамбарын кодта Ге- орги медсанбаты командирæн. Цæфы бричкæйы куы сæвæрдтой, уæд Георги командирæй бацагуырдта гæххæтт, цæф булкъоны бынатыл кæй сæмбæлыи 397
кодта, уый тыххæй. Чи уыд, уый дæр афтæ/мæй базыдта: Саф- ронов. Дыккаг бон та не ’фсæдтæ райдыдтой бырсын æмæ сем>« уыди Зæнджиаты Георги дæр... Кæй зйердыл нæ лæууынц 1943 азы хæстытæ. Аныгуылдм фашистон æфсæдты хур, сæ бон лал уыди бырсын æмæ ли- дзын райдыдтой ныгуылæнмæ. Советон æфсæдтæ сæ дæрæн кодтой, нæ горæттæ æмæ хъæутæ ирвæзтысты немыцаг фашисг- ты фыдмитæй. Уыцы заодан æфсæддон политикон кусæг Зæн джиаты Георги ахуыр кодта танкистты æфсæддон ’скъолайы горæт Горькийы, стæй та Ленинграды хистæр бронетанкон скъолайы. Ахуыры фæуды фæстæ экзаментæ исынмæ скъола-мæ æрбацыд инæлар. Рад æрхаудта Георгимæ дæр. Уый хорз рад- та экзаментæ. Инæлар ьгн раарфæ кодта æмæ йын йæ къух куы райста, уæд æй Георги бафарста: — Æмбал инæлар, Кубаны Крымскаяйы станицæйы раз хæстыты нæ уыдтæ? «Мæнмæ гæсгæ мæ зонгæ Сафронов у», ■-• ахъуыды кодта Георги, инæлар дзуапп нæма радта, афтæмæй. — Уыдтæн. Уæззау цæф дæр ма дзы фæдæн, — •инæлар йæ мидбыл бахудти. — Куыд фервæзтæн, уый ма абон дæр нæ зонын. Георги йæ дзыпмæ нывнæлдта æмæ дзы гæххæтт систа. — Мæнмæ гæсгæ ацы гæххæтт дæумæ дæттын хъæуы. Инæлар гæххæтт райста. Уым фыст уыд йæхи тыххæй* «Хистæр лейтенант Зæнджлаты Георги медсанбатмæ бахæц* цæ кодта уæззау цæф булкъон Сафроновы». Инæлар уыцы фыст бакаст, исдуг ныккомкоммæ Георгимæ, стæй сыстад æмæ йæ лыхъхъæбыс кодта. —Мæ ирвæзьгагæнæг... Гъе уый фембæлд у, гъе!.. Бирæ фæфарста инæлар Георгийы, фæныхæстæ кодтой. Стæй Георги загъта: — Æмбал инæлар, иу куырдиат мæм ис. — Зæгъ æй, ницы дын бахæлæг кæндзынæн. — Хæсты хъысмæт лыггонд у. Мæн дæр ма фæнды фашист- ты сæхи зæххыл дæрæн кæнын. Курын, æмæ мын фæстæодæ фронтмæ ацæуынæн баххуыс кæн. Гъе, афтæ Зæнджиаты Георпи ногæй ацыди фронтмæ. Ацьт хатт бахауд Панфиловы номыл бронетанкон корпусмæ уæз- зау танкты батальоны кюмандирæй. Дыккаг Белорусаг фронты хæцгæйæ, ПансЬиловы номыл корпус 1944 азы байста Данциг æмæ рахызти Штеттинмæ. Уыцы заман хæстытæ райдыдтой Берлин райсыныл. Хус- сары ’рдыгæй фашистон Германы сæйраг горæтмæ бырстой 3-аг Украинаг фронты æфсæдтæ. Скæсæн æмæ цæгаты ’рдыгæй та 1-аг Белорусаг фронты æфсæдтæ. Ахсджиаг хæс æвæрд æр- цыА 2-аг Белорусаг фронты æфсæдты раз дæр. Хъуймæ уъг Э98
дон Штеттины горæты районæй бырсын райдыдтаик.кой хурны- гуылæн æмæ цæгат хурныгуылæны ’рдæм горæт Ростокмæ, ныд- дæрæн кодтаиккой знаджы 3-аг танкты арми æмæ, гъе, уы- мæй ахъаз уыдаиккой 1-аг Белорусаг фронты рахиз флангæн Берлинмæ бырсгæйæ. Хъазуат тохты фæстæ Панфиловы номыл корпус бабырста Померанимæ. А«м йæ ныхмæ хаацыди немыцаг-фашистон «СО>- аг танкты дивизи. Корпусы фæндагыл цы хъæутæ æмæ го- рæттæ уыд, уыдоны хъахъхъæнæг æфсæдтæ нæ танкты размæ бадтысты фаустпатронтимæ. Знаг уыди хъыхъхъаг, мæнæ сыр’Х къæппæджы куыд бахауа æмæ æррайы хуызæн куыд свæййы, афтæ, Фæлæ не ’фсæдты ницы урæдта — нæдæр немыцаг танк- тæ, иннæ ахæм сæ «диссаджы ног хæцæнгарз». Капитан Зæн- джиаты Георгийы танкты гвардион батальон бырста размæ. Померанийы зæххыл ис бирæ цъымаратæ æмæ цадтæ. Уалдзы- гон уыдоны сæрты хизын æнцон хъуыддаг нæ уыди. Фæлæ Ге- орги арæхстджынæй йæ батальоны размæ кодта. Стыр горæт æмæ æфсæнвæндаджы æлхынцъ Пазевальскы фашисточ æфсæд- тæ сфæнд кодтой ныхкъуырд радтын нæ танкисгтæн. Фæлæ сыи Георги сæ фæндтæ раргом кодта. Тох бирæ нæ ахаста: авиа- цийы ныббырсты фæстæ танкты батальон балæбурдта горæтмæ æмæ йæ уайтагъддæр райста. Пазевальскы бон акодта Штрасбургыл дæр. Нæ корпусы хæйттæ хæстæгæй-хæстæгдæр кодтой Померанийы сæйраг го- рæттæй иу Нейбранденбургмæ. Уыцы горæт тынг фидаргоид кæй æрцыд, уый це ’фсæдтæн гуырысхойаг нæ уыди, уьшаш æмæ .немыцæн уыцы районы ахæм фадатджын ран нал уыди. Нæ танкты корпус дзæвга,р раздæр ацыд нæ фистæг æфсадæй. Æнхъæлмæ кæсынæн та амал нæ уыди. Уьшæ гæсгæ сæ фæнд уыд афтæ: танктæй горæтыл æртæрдыгæй æртыхсын æмæ йæ уыцы иу цæфæй райсын. Нейбранденбургæн йæ хуссар-ныгуылæны ’рдыгæй ис стьф дæргъæццон цад, уымæн скодтой ахæм фæнд дæр. Зæнджиаты Георгийы батальон цы танкты хайы уыдис, уый бырсын райдыдта хуссарырдыгæй. Уыиы иу цæфæй райста горæт Бург-Штагард æмæ дарддæр бырста цæгатмæ комком- мæ — Нейбранденбургмæ. Уый уыди 1945 азы 27 апрелы. Го- рæтгæрæттæ уыдысты тынг фидаргонд. Немыцаг танктæ цы- Дысты контратакæты, æппындæр ницæуыл ауæрстой. Фæлæ нæ таякты ныббырст бауромын сæ бон нæ уыди. Георгийы бата- льон архайдта Нейбранденбургæн йæ хуссар æмæ хуссар-ны- гуылæн районты. Танктæ горæты кæройнаг уынгтæй иумæ куы бырстой, уæд сæ немын æхстой сармадзантæй æмæ зæххы æрдæджы онг ныгæд цы танктæ уыд, уыдонæй. Фæлæ уæддæр уæззау танктæ размæ цыдысты æмæ дæрæп кодтой немыцы позицитæ. Зиантæ цыди нæхионтыл дæр. Иу 399
за.ман Георгийæн йæ сыхаг танк знаджы сармадзаны нæмыгæй ссыгъди. Хæст уыди йæ тажкæ карзæй. Судзгæ тан’кмæ фæзн- лæн нæ уыд — йæ фарсмæ йын немыц æнæ бахъавгæ пæ фæ- уыдаиккой. Фæлæ Георги, иннæтæн размæ бырсыны тыххæй бардзырд ратгæйæ, йæхæдæг фервæзын кодта танчы экипажы. Дыккаг бон нæ танкты ныхмæ хæцын райдыдтой фаустпат- ронджьштæ. Уый æцæгдæр уыди æвирхъау хæцæнгарз. Танкты æхсæи зиæнттæ фылдæр кодтой. Уæддæр сæ ницы урæдта. 29 апрельуыд фашистон Нейбранденбурджы фæстаг,бон. Советол танктæ, æнæ фистæг æфсады æххуысæй, райстой горæт. Фæла> бирæтæ уыцы хабар сæ цæстæй ,нал федтой, ’нал æй федта. Зæнджиаты Георги дæр, Тох фæуынмæ бирæ нал хъуыд, афтæ иу хæдзары аууонæй фашисттæ фаустпатрон фæцарæзтой Ге- оргийы таикмæ. Батальоиы командир ма банкъардта æнахуыр рис, стæй йыл дуне баталынг... * * * Посзд цæуы Берл’инæй цæгаты ’рдæм. Вагоны бады æры- гон советои афицер танкисты дарæсы. Бады æмæ кæсы ру- дзынгæй. Цæст дас æххæссы, уыйас зынынц къуыппытæ, дзыхъхъытæ, арæх æрттивы доны уæлцъар — уыдон сты цад- тæ. Поезд æрлæууыд. Станцæ .Биркенведер. Стæй та Гранзе. Ноджы ма цавæрдæр станцæтæ. «Фæстаг писмо ма ардыгæй ’Ныффыста», — ахъуыды кодта афицер æмæ тыигдæр æрæнкъард. Афицер уыди хнстæр лейтенант-танкист Зæнджиаты Геор- гийы фырт Руслан, хъуыды та кодта йæ фыд Георпийы тых- хæй... Рацыди ссæдз азы бæрц æмæ фырт лæууы дард Германы зæххыл йæ фыды ингæны уæлхъус. Йæ фарсмæ ацæргæ немы- (Цаг, коммунист, ингæн дæр ын уый бацамыдта. Карджыилæг кæсы æры-гон афицеры æнкъард цæогоммæ, æмæ йе ’нцъылдтæ рустыл уайыпц цæссыгтæ. — Æлгъыст фæуæнт фашисттæ, — дзуры немыцаг, — æгас Бвропæйы зæххы’л дæр ныууагътой ахæм ингæнтæ... Кæсы Руслан йæ фыд Георглйы ингæнмæ æмæ ардхæра^- гау йæхинымæр дзуры: «Æлгъыст фæуæд фашизм, дæ сыгъ- дæг фæндтæ баххæст кæньгн дæ чи нæ бауагъта. Афонмæ дæр ма Нузалы скъолайы дæ уарзон сабиты цæрын ахуыр кашис... Абон дæр ма дæ ’мысынц». Стæй аздæхт йе ’мбалмæ: — Цæмæй ахæм ’ингæитæ мауал уа, уый тыххæй æдзухдæр тох кæнын хъæуы кæмфæндыдæр æмæ чидæриддæр куы уай, уæддæр. Немыцаг тьт сæр разыйы тылд бакодта æмæ йæ цæссыгтæ асæ^рфта.
СЕРГИ ясон Гаглойты Григол ÆФСЫМÆРТЫ ХЪЫСМÆТ 1. Зæронд куырм ус Боб шæрмæ бады зæронд куырм ус яыллæг бандоныл. Ба- дынæй куы бафæлмæцы, уæд сындæггай йæхиуыл схæцы, сыс- ты. Лæдзæгæй йæхицæн фæндаг атургæ арауай-бауай кæны, стæй та фæстæ;мæ йæ бьшаты йæхи æруадзы. Хатгай йе ’рфгуы- тыл хæрдмæ схæцы. Фæнды йæ, куы ракæсид, куы фенид, йемæ чи фæныхас кæны, чи йыл фæузæлы, чи йын фæлæггад кæны, уыдон цæсгæмттæ, куы фенид арвы рухс, зæххы сау... Иæ цæс- тыты тъыфылтæ байгом кæнынц, æдзух æмбæхстæй чи лæууы, уыцы гагуытæ, фæлæ никуы æмæ ницы. Хатгæ дæр нæ бакæны, мæйдар æхсæв у, æви хур бон. Уæд та ногæй уырдыгмæ æрхæ- Цы йе ’рфгуытыл, сæхгæны йæ (цæсты гагуытæ. йæ зæрдæ суынгæг вæййы, йæ маст рахсиды, фæлæ, кæддæрау, цæсты- тæй цæссыг нæ хауы. Афтæ бады зæронд куырм ус æмæ, уынгæй йæ хъустыл наелгоймаджы уынæр куы ’руайы, уæд йæ сæрыл хæрдмæ схæ- иы, лæмбынæгдæр айхъусы æддæмæ, стæй чындзмæ фæдзуры: — Уæ, Хъотиан, кæм дæ, уæдæ!.. Акæс-ма æддæмæ, кæд, -^ыййаг, нæ дард бæлццæттæй исчи фæзынди. Уый кæй хъæлæба ц&уы уынгæ’й? 26«- 401
Хъотиан ацæуы, афæлгæсы фæйнæрдæм, хæйрæджы арв кьщцæвæд, уæд та, æцæгдæр, мæ тиутæй исч-и фæзынди, зæгъ- гæ. Акæсы, фæлæ та нæ барухс вæййы йæ зæрдæ. Баздæхы фæстæ’мæ æмæ рахабар кæны зæронд куырм усæн: «нæй, чызг, сæ кой дæр... Уый сыхæгты лæппуйы хъæлæс уыд. Уымæн дæр Серги æмæ Ясоны хъæлæсы хуызæн ис» Уæд та зæронд куырм ус Нуца йæ сæр йæ риу(мæ сындæг- гай æруадзы, цыма дæлзæхмæ фехъусы, уыйау. Куыдз уынджы куы срæйы, уæддæр та куырод ус айхъусы лыстæггай: «Кæд нæ дард бæлццæттæй исчи фæзынди»... Гъе, афтæ бады бон изæрмæ зæронд куырм ус æ<мæ фæ- мысы йе ’фсымæры лæппутæ Серги æмæ Ясоны. Нуцайæн йæ амонд йæ тæккæ æвзонджы бонты басыгъд. Уæдæй фæсгæмæ йæ фыды уæзæгыл ныззæронд. Рагæй фæстæ- мæ йæ ныфсы мæсгуытæ Серги æмæ Ясон уыдысты, йæхæдæг сæ хъомыл кодта сабитæй фæстæмæ... Фæлæ фæцыдысты Стыр , Фыдьюæстæйон хæстмæ, Нуца «дард балц» кæй хоны, уырдæм. Уæдæй фæстæмæ та бирæ азтæ рацыд. Нуцайы цæстыты дон фыркуыдæй басур, басаугуырм... 2. Сæ иуæй се ’ннæ — уындджындæр Нæ комбæсты адæм хорз зыдтой Уанкъайы. Йæ цæхх æмæ йæ казрдзын æдзух йæ армытъæпæны дардта, знагæн дæр са> нæ хæлæг кодта. Ахуыргонд, ’мыййаг, нæ уыди, фæлæ уыдн дзырдарæхст, сыхæгтæн, хъæубæстæн, æрвадæлтæн, кæстæр- тæн — зондамонæг. Ие ’фсин Козианæн фæдфæдыл райгуырдп < цыппар лæппу æмæ æртæ чызджы. Сæ иуæй се ’ннæ ^- уынд-, джындæр, æвзыгъддæр. Сæ хъазæн ныхæстæм фæхудтаид мард дæр. «Хуыцауæй бузныг, кæд цыбыркъух стæ<м, уæддæр сæ ис- тæмæйты схъомыл кæндзынæн», — ныфс-иу æвæрдта Уанкъа йæхицæн æмæ сæ йæ цæнгты тыхæй дардта. Цы чысыл зæххы гæппæлтæ йын уыдис, уыдон-иу куы ^бакуыста, уæд та-иу нак къухмæ йæ фæрæт, йæ хырх æмæ йæ пъæнæз райста. Хъæд- куыстмæ дæсны уыд. Адæмæн арæзта хæдзæрттæ æмæ кæ)Мæн(| цы йæ къух амыдта, уый йын лæвæрдта. Уæдмæ йæ хистæр зæ-' нæг дæр балæууыдысты йе ’нцой. Цумахъом фесты æмæ йын йæ къух рог кодтой. Сæхицæн дæр хъæдæй сарæзтой райдзаст, дыууæхатæн рæсугъд бæстыхай.' Талынг, фыдæлтыккон^ ердо- джын хæдзарæй рацыдысты " рухсмæ. Иу къахдзæф размæ куыддæр акодта Уанкъа, афтæ сæ æнæнхъæлæджы арв æрцав- та — æрбарынчын йе ’мкъай Козиан æмæ фæзиан. Фæзиан, 402.
куыддæр сæ кæстæр сабитæ сæ къæхтыл æдæрсгæ цæуын ба- зыдтой, афтæ. Чысылæй-стырæй сæ цæстысыгæй уынгтæ æх- садтой. Сæ тæригъæдæй бæстæ скъуыдтæ кодта... Уый фæстæ Уанкъамæ бирæ фæхатыдысты адæм, фæлæ нал æрхаста дыккаг ус. «Цæйнæфæлтау мын мæ чысыл хурты бафхæра исчи æмæ сæ искуы къулбæрзæйæ, цæстысыг калгæ фенан, фæлтау мæхæдæг фыдæбон кæндзынæн семæ», — дзуапп-иу сын радта æ.мæ афтæ дæр рауад... 3. Арвы цæфтæ Хъысмæт æгъатыр у, бинонты цард фендæр. Уыцы рæстæ- джы Ирыстоны фæллойгæнджытæ растадысты се ’фхæрджыты гыхмæ. Тох цырынæй-цырындæр (кодта. Фæлæ сæ меньшевиктæ ныссæрфтой æмæ сæ Цæгат Ирмæ фæсырдтой. Уанкъайы зæ- нæджы хистæртæ Ило æмæ Гиго æнафонæй партизантимæ афардæг сты фыдызнаджы ныхмæ тохмæ. Уанкъа йæ сывæл- лæттæ, иæ эæронд мад Хуыбылон æмæ йæ хо Нуцаимæ хæх- гы сæрты ахызт, йе ’ккой сæ радгай фæхаста æ,мæ Æрыдоны хъæуы æрцардысты. Фæлæ сæм уырдæм фæхабарчындæуыд, зæгъгæ, уæ фырт Гиго (17 аздзыд) Бургъустаны урсытимæ то- хы хъæбатырæй фæмард... Бинонты мароймæ æрыхъуыстой’ хæхтæ. Уый та — Уанкъайæн арвы дыккаг цæф. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ та бинонтæ фæрынчын сты тифæй, ныккалдысты æххуырст, æдзæрæг фатеры къуым- ты. Сæ дзыхмæ сьгн дон бадарæг нал уыд. Фæлæ сæ амондæн фæтых сты низыл. Сфæстинон <сты, слæууыдысты сæ къæхтыл. Уæдмæ сырх партизантæ дæр рахызтысты хæхты сæрты Хус* сар Ирмæ, меньшевикты фæтардтой Иры зæххæй æмæ Чъре- байы сæрмæ сæрибары тырыса æрсагътой. Уанкъа дæр рахæцыд йæ бинонтыл æмæ сæ æрмидæг код- та сæ ,райгуырæн хъæуы. Фæлæ сæ зæрдæ нæ барухс. Сæ ног- зрæзт хæдзарæн ма æриййæфтой æрмæст йæ фæньгк. Уддзæф яей хаста фæйнæрдæм. Æртыккаг арвы цæф дæр та фесты. «Цард тох у, фæразын хъæуы... Æгайтма нæ чысыл саби- тæ сæрæгасæй æрирвæзтысты мæнæ сæ фыды уæзæгмæ», — ныфсытæ æвæрдта Уанкъа йæ мад æмæ йæ хойæн. Байрæзтысты сæ чызджытæ æмæ >сæ амæндтæ ссардтой. Хистæр фырт Ило дæр фæзынди. Цард райдыдтой ногæй ньь ифндьш. Фæзынди сæ хъæу — Додоты дæр скъола. Серги æмæ 403
Ясоныл ху-р æрбакаст. Райдыдтой ахуыр. Афæдзы фæстæ сæ ахуыргæнæг дисæн хаста. Каст фесты цьишæрæм кълас. Бацы- дысты фæскомдæдисы рæнхъытæм æмæ утæппæт равзаргæ фæ- сивæдимæ иумæарæзтой фæндæгтæ, хидтæ, ног цард. Æхсæ-на- дон куыст сæ зæрдæты арф ныххаудта. Уæдмæ Зары хъæуы фæзынди кусæг фæсивæды скъола æ,мæ бацыдысты уырдæм. Уый фæстæ Серги (хистæр æфсымæр) амидæг Ростовы æмæ бацыд рабфакмæ. Каст æй куы фæци, уæд æрыздæхт æмæ ахуыргæнæгæй райдыдта кусын. Ясон та бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон инсжтутмæ. Уанкъайы зæрдæ сæ барухс, йæ уæззау цæфтæ ницæмæ уал æрдардта. Сæ хæдзар сындæггай йæ гаччы сбадти. 4. Хæсты арт ...Серги «зæды хуызæн» чызджы йæхидæн бинонтæн æркзод- та. Иумæ ацардысты аст боны æрмæстдæр. Се ’рхонгæ уазджы- тæй иутæ нæма фæцыдысты сæ фæрныг хæдзæрттæм. Кæстæртæ нæма райхæлдтой чындзæхсæвы фынгтæ, нæма сæ равдæлди сæ кафын, сæ зарынæй. Фæлæ ныр уыдонæн дæр аскъуыд сæ ци- кы таг. Лæппуйы туг маст пæ уромы. Сергийы зæрдæ дæр мæстæй сыхсыст. Хæрзбон загъта йе ’мкъайæн, бинонтæн, сæ хицæт- тæн æмæ йе ’мбæлттимæ араст Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ. Фæцæйцыд, фæлæ та-иу фæстæмæ йе ’мкъаймæ аивæй ракаст. Уанкъа йæ фæдыл кæсгæйæ баззад, стæй дзы сирвæзт: «Лæп- пу, хъусыс!.. Цырд лæу æмæ-иу де ’мбæлтты зæрдæхудт макуы райс, знагмæ чъылдымыздæхтæй макуы æрлæу, афтæ нын баз- зади фыдæлтæй»... Уый размæ «бон Ясон йæ хо Маняйы акодта Чъребамæ — йæ хæдзармæ æмæ ам фехъуыста, хæсты арт кæй сгуылф код- та, уый. Дюдотмæ сыхъуыст, зæгъгæ, Ясон дæр Сергиимæ æмæ уый æмбæлттимæ бамбал. 5. Æртæкъуымон фыстæджытæ Хæсты тыхджын улæнтæ семæ равзæрын кодтой, уæды онг чи нæма уыди, ахæм æртæкъуымон фыстæджытæ. Бæлуæттау тахтысты фронтæй фæсчъылдыммæ æмæ уырдыгæй — фæстæ- мæ... Иу ахæм фыстæг Уаикъатæм дæр æртахти. Бинонтæй. сыхагæй æртымбыл сты. Ног чындз .нал бауайсæста æфсæрмы аккаг зæрæдтæм дæр, ’фыстæджы хъæрæй «кæсы: «Салам зы- н’аргъ бинонтæн, сыкæгтæн, æрвадæлтæн сырх хæстоиæй!.. Бк- р^е нæ фыссын, уый фадат мын нæй... Уанкъа, Нуца, Ило, мæ зынаргъ хотæ Оленкъа, Уардис, Маня, мæ чындз Хъотиан, мæ 404
лæгьзтæ уын — уыцы чызг ме ’рцыдмæ уæ фæдзæхст. Мах стæм фæндагыл... Уæхи Серги». Фыстæгæй уыйбæрц никæй зæрдæ барухс, алчи дæр, æнæ- дзургæйæ, æнкъардæй арф ныуул,æфыд æмæ фæйнæрдæм апырх сты. Æрмæст æй ног чындз, куыд уыд, афтæ арæхстгай батыхта, куы фæаууон, уæд æй йæ риумæ балхъывта æмæ йæ йæ чыидздзон скъапы бавæрдта. Алы бон дæр-иу бацыд, цьша Серги фæлладæй уым фьгнæй кодта æмæ йын райхъал кæн-ы- нæй тарсти, уыйау-иу скъапы дуар сындæггай байгом кодта æмæ та-иу фыстæгмæ ныккасти. Ясон та фыста йæ хомæ: «Маня, фæфæрс мын нæхиуæт- ты чысылæй-стырæй. Фæндыд мæ Серпиимæ иу æфсæддон хай- мæ бахауын, фæлæ нын нæ бантыст. Æз ныртæккæ ахуыр кæ- иьгн Тбилисы æфсæддон ахуыргæнæндоны. Уый у дыууæазон афицерты скъола. Тагъд-иу мын хъусын кæнут Сергийы ад- рес». «...Авд мæйы нын æхсæв æмæ бон уыдысты иугъуызон, — фыста та Серги. — Кодтам æфсæддон ахуыр. Дысон дæр та æлпæлой фаш’исттæн сæ бындз атæхын кодта’м, судзгæ нæм- 1уыты их сыл ныууарыд... фæтардтам сæ горæт Мелитополæй. Чи сæ куыд сæрæндæр у фашисттæй, афтæ лидзы фæстæмæ. Æвæццæгæн ма сæ удæгас чи баззайа, уыдон тагъд рæстæ- джы, кæцæй æрцыдысты, уым уыдзысты. О, хæдæгай, ныр æз дæн нæ партийы цытджын уæнг, æрæджы мæ райстой. Фыссут мæ»м арæхдæр уæ хабæрттæ». ...1942 азы февралы та Уанкъатæ райстой иу фыстæг. Уый «æртæкъуымон» нал уыд. Батальоны командир Семиглазов сæм фыста: «...Æмбал Зæгъойты Иваны фырт Сергейы ныййарджы- тæ’М. Арфæ уын кæнын, ахæм хъæбатыр, ’ныфсджын æмæ зæр- дæргъæад хæстон фырт кæй схъомыл кодтат нæ райгуырæн бæстæйæн, уый тыххæй»... Уанкъайы цæстытæй йæ цæрæнбонты фыццаг хатт æрхау- ди дыууæ цæстысыджы. Уыдон уыдысты, йæ фырт ын йæ фæ- дзæхст кæй сæххæст кодта, уый тыххæй цины цæстысыгтæ. Уыцы бон уарыд ммт. Уад фæлдзæтъдæнтæ кодта. Дымгæ йæ уадындзтæй уасыд. Бæгънæг бæлæсты .хихтæ фырсалдæй «ъæс-къæс кодтой. Уанкъа сихорыл колхозы хъомтæ дондарын- мæ рауагъта. Сындæггай цыди сæ фæдыл. Уалынмæ йыл уым хæрхæмбæлд фæцис иу чызг. Йæ къъухтæ йæ палтойы дзыппы> йæ цæсгом уазалæйньщъцъæх, Уанкъамæуырыссагаусдзырдта: — Бахатыр кæн, мæ фыды хай, фæлæ (ма мын зæгъ, Зары хъæу ма дард у? Уанкъа сагъдæй аззад. «Уырыссаг адæимаг а-бæстæм сæр* дыгон дæр зынтæй куы ^рхауы, уæд кæцæй æрхауд ады хъыз- ты ардæм», — ахъуыды кодта, стæй йын цъæррæмыхстытæй Дзуапп радта: 405
— Дард нал у, æрмæст фæндаг фæрæдыдтæ. — Фæрæдыдтæн? Уæдæ кæуылты у фæндаг? — бакатай кодта чызг. Уанкъа йæм бакаст æмæ йæ тæригъæдæй, цыма, йæ зæрдæ- йы тæгтæй иу аскъуыд, афтæ фæци. — Цом уал махмæ, «мæ чызг, хæдзармæ, дæхи батав æмæ дын стæй бацамо’ндзынæн Зары фæндаг. Бацыдысты хæдзармæ. Чызг афтæ баргъæвст, æмæ йæ палто ласын дæр йæ бон нал баци. Бинонтæ йын йæ митгæ ныццагътой, дзабыртæ ласын нæ ракуымдтой, цалынмæ стæфс- тысты, уæдмæ Йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ сыдысты, фæлæ æнахуыр адæмы ’хсæн <йæхи ныффидар кодта, цæхджын доны йын сæ нывæрдтой. Чызг схъарм, сулæфыд йæ риуыдзаг. Ба- хордта хæринаг. — Чи дæ, кæцон дæ? — афарстой чызджы. — Æз украинаг дæн. Фашисттæ нæ хъæумæ бабырстой, —-> дзырдта уый. — Мæ зæронд фыды мын æрцахстой. Æвæццæ- гæн æй чидæр банымыгъта ды, дам, коммунист дæ, дæ фырт- тæ дæр коммунисттæ сты, нæ ныхмæ. Нæ хæдзарыл нын арт бафтыдтой, нæ фыды обадын кодтой æхгæд машинæйы æмæ йæ аластой. Æз æмæ мæ мад бамбæхстыстæм ныккæнды. Æртæ боны фæстæ фæсхъæу, базары цур, нæ фыды ауыгъдæй ссард- там. Фанеркæйыл ставд дамгъæтæй ныффыстой фашисттæ: «Мæлæт коммунистæн — адæмы знагæн», æмæ йын æй йæ хъуырыл æрцауыгътой. Мæ мад æм бацыд, хъуамæ йæ рахастаид, фæлæ йьгн фа- Ш’исттæ йæхи дæр уым фехстой. Уый фæстæ сæм сыхаг зæ- ронд лæгимæ æхсæвыгон сусæгæй бадыдыстæм, рахастам сæ æмæ сæ нæ уæлмæрды баныгæдтам. Уалынмæ нæхиуæттæ ба- бырстой ’нæ хъæумæ æмæ æз рацыдтæн ардæ!м. Мæ хо цæры Зары æмæ <йæ кæд ссарин. , Æз Ирыстоны кой хъуыстои, фæлæ чердыгæй ис, уый нæ зыдтон. Ныр мæ яæсты улæнтæ æрхастой ардæм иу ирон лæп- пуйы фæрцы. 1942 азы фæззæджы, не ’фсад нæ хъæуы куы рындадысты, уæд иу ирон лæппу йе ’мбæлттимæ царди нæ хæ- дзары. Æз бацымыдис кодтон, зæгъын, цы нæ вæййы, чизоны мын мæ хойы кой искуы фехъуыста, чизоны йæ зоны. Æмæ раст бакодтон. Зыдта йæ, æцæгдæр. Къуырийы фæстæ уыцы æфсæддон хай ацыди фронтмæ. — Чи уыд, кæмæй уыд уыцы ирон лæппу? — Уæртæ мæ дзыппы ис йæ адрес æмæ уын æй ныртæккæ зæгъдзынæн. йæхæдæг Серги хуынд. Уый мæ зæрдиагæй фæ- дзæхста, зæгъгæ, фæцу дæ .хомæ æмæ-иу абæрæг кæн мах дæр. Чызг сыстад, йæ дзыппæй систа æнцъылдтæ гæххæтты гæ- баз æмæ дзы бакаст: «Цхинвалы районы, Додоты хъæу, Зæ- гъойты Иван (Уанкъа)». Бинонтæ фæдж’их сты. Цыма сæм уæ- 406
ларвон «зæд» æрхаудис, афтæ фесты фырцинæй. Чызг дыккаг хатæны къулыл йæ цæстытæ ныццавта Сергийы сурæтмæ: «Мæ- нæ, гъе, уыцы ирон лæппу...» Чызг æхсæвы баззад Уанкъатæм. Райсом хур бæстыл атылд. Ногуард мит тæмæнтæ калдта. Уанкъа чызджы йæ хо- Мæ фæхæццæ кодта. Уæдæй фæстæмæ нал сси йæ сæрæн. «Кæд, миййаг, мæ хъæбултæ дæр, ацы чызгау, искуы баргъæфстысты, сæххормаг сты æмæ сæм фæкæсæг нæй»... Ахæм уæззау хъуыдытæ-иу йæ зæрдæйы тæгтæ иугай тыдтой Уанкъайæн. Иу изæр бахсæвæр кодта æмæ схуыссыд йæ хъарм уаты, схуыссыд, бафьшæй, фæ- лæ нал райхъал, баци мæрдвьшæй... Маотæн арс дæр нæ фæ- разы. 7. Дард бæлццæттæ Хæст цырынæй-цырындæр кодта. Немыцаг тыхæйисджытæ æрхæццæ сты Цæгат Кавказмæ. Сæ хæдтæхджытæ, холыхор .халæттау, Ирыстоны сæрмæ гуыз-гуыз сагайдтой. Бомбæтæ калдтой горæттæ æмæ хъæутыл. Цъæхарт фестад бæстæ. Уæ- рæх быдыртæ схъулон сты тугæй. Терк тызмæгæй уади. Сау мигътæ ныббадтысты хæхтыл. Фæдис стыхджын. Æфсæддон ног тыхтæ Тбилисæй анкъуыстысты фыдызнаджы ныхмæ тох- мæ. Ясон каст нæ фæци йе ’феæддон скъола æххæстæй, фæлæ уый дæр ныллæууыд стæры фæндагыл. Уæдæй фæстæмæ фыс- тæг нал райстой йæ бинонтæ уымæй. Æрмæст ма иу хæстон \ый тыххæй госгаиталæй фыста: «Ясонимæ æз рагæй уыдтæн зонгæ. Уый не ’фсæддон хай- мæ æрбацыд скъолайæ. Мæнæи тынг æхсызгон уыди, ме ’миро- нæй йе ’мбæлттæ кæй æппæлыдысты, уый. Службæ райдыдта махмæ автоматчикты ротæйы политрукæй. Æхсаргарды æр- цъыккæй уæлдай яæ уыди йæ ныхас. Æрмæст йæхи æгæр æп- пæрста знаджы цæхæрмæ. Бирæ хæт^ыты йæ бафæдзæхстой, цæмæй йæхи дара уæзбындæр. Дзæуджыхъæуы, Беслæнæн цæ- гатварс та ногæй фæныхæй-ныхмæ стæ(м немыцæгтимæ. Нæм- ^уытæ уарыдысты ихау. Æхсæв-бонмæ зæхх змæлыд. Уыцы тох- ты æз уæззау цæф фæдæн," фæлæ мæ Ясон знаджы амæттаг нæ фæкодта, фæхаста мæ йе ’ккой æмæ ^мæ бафтыдта медпункты къухы. Фæстæмæ тагъд кодта æмæ йæ фæдзæхсгæ дæр нал зкодтон». Ацы фыстæг чи фыста, уымæн йæ мыггаг нæ равзæрстам. Иæ ном хуынди Ваня. Чи уыд, уый нæ рабæрæг уый фæстæ ^зер. Уæдæй фæстæмæ Ясон «икуыуал разынд. Чи зоны, йæ райгуырæн Ирыстоны сæрыл æрхаста йæ сæр... Серги ныххæццæ Германы зæхмæ. Йе ’мбæлтты ныхæстæм г^сгæ райста цалдæр хорзæхы. Берлин байсыны сæрыл карз 407
тохтæ куы цыди, уæд ма йæ федтой чидæртæ. Цы фæцн, кæм, ис, уый бæрæг нал ис... Ныр бады, бады зæронд куырм ус, йæ лæдзæг — йæ фæн^ дагамонæг — йæ риумæ æнцой радта æмæ æхсæвæй-бонæи æнхъæлмæ кæсы йæ зæрдæдарæнтæ — йæ дард бæлццæттæм. Æгъатыр у, æвæдза, æцæгдæр, адæймаджы хъысмæт.
Дзуццаты Хадзы-Мурат АРВЫ ХИЦАУ ТУ-104. Егъау æвзистбазыр хæдтæхæг. Стæхыны размæ уæ- ларвон бæлццæттæй алчи дæр йæхинымæр тыхсы. Æрыгон, хæрзконд стюардеосæ рахызт бæлццæттæм: — Кораблы комаадир у Зыгъуыттаты Мухтарбег! Мухтарбеджы ш зоны,- ,йæ кой йын уымæй размæ чи фе- хъуыста, уыдонæн сæ тыхст фæнымæг: — Тас нын нæу. Æйттмардзæ тæхæг у! — æууæидынц ыл, ницы зиан сыл æруадздзæн. Техникæ адæймагæй техникæ у. Æз фыццаг хатт тæхын Мухтарбеджимæ. Æз дæр, иннæ бæлццæттау, тыхсын, фæлæ, иннæты хъауджыдæр, >мæ тыхст æндæргъуызон у. Мæ зæрдæ мын агайы æхоызгон сæрыстыр- дзинад — хæдтæхæг скъæры ирон лæг, ме ’мбæстаг. Арв у хъуынтъыз æмæ мигъæмбæрзт. Нæ зын — не стæ- хын. Ахæм рæстæджы хъустæ риссынц, фæскъæбут тоны. Æз рагацау мæхи æрæввонг кодтон уыцы фыдæвзарæнмæ. Фæлæ хæдтæхæг мигъты ’хсæнты цæуы хæрдмæ. Мигътæ <нæ алыварс хъомпал кæнынц, дондзастæй ныл сæхи сæрфынц. Æлпындæр ницы рыст хатын. Зæххыл куыд уыдтæн, ам, арвыл дæр, афтæ дæн. Схæццæ стæ’м æрвон -бæстæм — диссаджы рухс, парахат, цæхæркалгæ бæстæм. Уæлийæ нæм хур ныккаст мип цæстæй, бынæй та... Бьшæй ис урс, хæмпус æврæгътæйконд даргъ, уæ- рæх дуне. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма тæхæ>м æнусон ихджын океаны сæрмæ. Ихджын къуыппытæ æмæ къуырфытæ. Дардæ"1 дзы зынынц ихджын, бæрзонд хæхтæ дæр. Сæ рæбынты, цыма, æр)бацæуы цæгаттаг урс арс. Ранæй-рæтты æврæгъты их фæ- тæнæг æмæ дзы схъардта доны цъæх улæн. Афтæ рæсугъд у, 409
æмæ æнæмæнг бамбардзынæ Къостайы æрра фыййауы са- гъæс — ауадз æм дæхи æмæ дзы «фæфынæй кæн дæ зæрдæйы фаг. Мæскуыйæ тæхæм сахат æмæ æрдæджы бæрц, хæдтæхæг йæхи ауагъта бынмæ — Тбилисы ис ахъаззаг тæркуад æмæ хъуамæ Минералон Дæтты æрбадæм. Мухтарбег рахызт хæдтæ- хæгæй. Карджын у, фæлæ йæ фезмæлд — рог. Ныртæккæ цы уæларвон бæстæй æртахтыстæ’м, уыйау йæ сæры хъуынтæ — урс. Сау æрфгуыты бынæй мæм кæсынц æмбаргæ, цырдуынаг цæстытæ. Кæрæдзи афарстам нæ царды хабæрттæй. Мухтарбег ска-ст арв’мæ æмæ йæ æз цæмæй ^бафæрсинаг дæн, уый бамбар- гæйæ, загъта: — Тæрсгæ ма кæн, тагъд уыдзыстæм нæхимæ. Йе ’ппæт ахастæй мдам зынд йæ сæйраг миниуæг — ныфс, æууæнк, фидар зæрдæйы уаг. Мæ разы лæууыд хуьгмæтæг адæймаг — арвы барджын хицау. Фæстийæ баззадис егъау дæрддзæг. Фæстийæ баззадысты азтæ. Лæджы лæггæнæг, лæджы урсгæнæг, лæгæн кадгæнæг азтæ. ...Цæгат Ирыстоны зæронд Бæтæхъойы хъæу. Зыгъуытта- ты номдзыд куырм Бибойы кадджытæ, ирон дзыхæйдзургæ сфæлдыстад, ирон лæджыхъæд æмæ карз алæмæттаг æрдз. Мух- тарбег хъомыл кодта, рагон æмæ рыгон советон дуджы чи фæ- зынд, уыцы æгъдæуттыл. Сæ хъæуы уыдис ногдзæутты æмæ фæскомцæдисонты раздзог. Тох кодта кулæктимæ. Цал æмæ йæм цал хатты æртхъирæн кодтой марынæй, фæлæ иу хатт раст фæндаг чи равзæрста, стæй дзы фæрсырдæм чи аздæхг, ахæм нæ уыд Мухтарбег. Знæгты фыддæрадæн Мухтарбеджы бинонтæ 1928 азы иууылдæр бацыдысты колхозмæ. ...Советон хъæбатыр тæхджыты коймæ Мухтарбеджы зæр- дæ æнцой нал ардта. Арв уыд йæ бæллиц, йæ иугæндзон мæт. Æмæ 1933 азы ацыд Батайскы тæхджыты скъоламæ. Зæрдæ- ргъæвд æмæ хъаруджын лæппуйæн арв ссис йæхи райгуырæн зæххау, адджын, хицон. Æвзыгъд тæхæгæн бахæс кодтой, 1936 азы Ныгуылæи Сыбыры Тюмены цур цы стыр зынгсирвæзтытæ уыдис, уыдон ныххуыосын кæиын. Уæд Сыбыры хъæдтæ æдзæ- .рæг, тызмæг уыдысты, кусынæн дзы уæззау фадæттæ уыдис, фæлæ Мухтарбег намысджынæй æххæст кодта йæ хæс. ...Стыр Фыдыбæстæйон хæст немыцаг тыхæйисджыты ных- мæ. Мухтарбеджы арвыстой Мæскуыйы авиакъордмæ. Десан- тон æфсæдты ласта раззаг позицитæм, тахтис знаджы фæс- чъылдыммæ, арæх йæ бæллицтæ уыдысты Хъахъхъæдады Ко- митеты кусджытæ. Фæстæдæр Мухтарбеджы къорд хæттыгы бахъуыдис тæхын нæ бæстæйы ,ныгуылæн арæнтæй суанг Бе- ринджы донкъубал æмæ Аляскæмæ. Беринджы дон знæтæй схъиудта, лæбурдта ф’æйнæрдæм. Бæзджын,у здыйау, уæззау 410
мигъты цæст ницы ’взæрста, хæдтæхæджы-иу нылвæста донмæ. Дыууын фондз хæстон тæхæджы ласта Мухтарбег. Йæхицæн дзы фервæзын æнхъæл ’ничи уал уыд, фæлæ цæгаттаг æрдзы афра тыхты ныббыкæй кодта Мухтарбеджы арæхстдзинад. Æбæрæг фæндæгтæ, хæлæддзаг аэродромтæ, нарæмон уадты- мыгътæ, 50—60 градусы æвирхъау уазæлттæ — уыдон æ’нцон- дæр нæ уыдысты фронты <иууыл тæссагдæр уавæртæй. Хæдтæхæг ИЛ-2-йыл Мухтарбег атахт Мæскуыйæ Аляс- кæмæ. Уæды рæстæджы дыууадæс мин километры атæхын — уый стыр сгуыхтдзинад уыдис. Хæдтæхæг æрбадт Америкæйы зæххыл. Цъæлтæ æмæ хæлддзæгтæ кæй уыдис, уый тыххæй йæ цалцæг кæнынмæ радтой америкæйаг специалисттæм. Уыдое æрæмбырд сты фæллад, æмпъызтытæ, гæмттæ хæдтæхæджы алыварс æмæ йыл дисæй ’мардысты. Специалисттæй сæ иу æр- бацыд Мухтарбегмæ æмæ йæм æнахуыр каст æрбакодта: — Уый ды æртахтæ мæнæ ацы «бырæгътæ къалосыл» Мæскуыйæ ардæм? Дæ цардæй схъыг дæ æви?.. — америкæ- йаг йæ уæхсчытæ, ницымбарæгау, фелхъив-фелхъив кодта. -— Цæмæй афтæ бакæнай, уый тыххæй кæлæ хъуамæ æнæзюнд уай, кæннод та хъуамæ æваст бирæ уарзай дæ райгуырæн бæстæ. — Мæ бæстæ кæй уарзын, уымæй раст зæгъыс, — дзуапп ын ’радта Мухтарбег. — Карз тох цæуы иæ райгуырæн зæххæн йæ алы гæппæлыл дæр. Мæнæ ай, — бацамыдта хæдтæхæг мæ, — у мæ хъизæмаргæнæг æмæ хъайтарон зæххы щ чысыл хай. Уый «мын зынаргъ у, мæ райгуырæн зæххау. Æмæ уыцы зæххы сæрвæлтау æз цæттæ дæн цыфæнды зындзинад бавза- гынмæ дæр, æгæрыстæмæй, мæлæтмæ дæр. Мæлæт иу æ’мæ дыууæ хатты не ’нхъæлмæ каст Мухтар- бегмæ. Æппæт зындзинæдтæ басæттынæн æмæ мæлæты æ-нæ- нымæц кæлæнтæй фервæзынæи хт^уыдис æрвыябонон хъæба- тырдзинад. ...Фæсхæст, сабырдзииады рæстæг. Нæ бæстæ бандидзьы кодта йæ цæфтæ, йæ хъæдгæмттæ. Хæсты хъыхъхъаг комулæфт айсæфт, фæлæ тæхæджы бæрн уымæй иæ фæ-къаддæр. Сæдæ гай, мипгай адæймæгты æрвон фæндæгтыл ласгæйæ, Кавказы бæрзонд хæхты сæрты вазыгджын æрдзон уавæрты тæхгæйæ, Мухтарбег азæй-азмæ рæвдздæр кæны йæ дæсныйад, арфдаф æмæ уæрæхдæр кæны йæ хъæздыг фæлтæрддзинад. 30 азы дæргъы хæдтæхджытæ скъæргæйæ, Мухтарбег атахт 15 мин сахатæй фылдæр. Йæ намысджын куыстытыххæй хорзæх- джынæрцыд хицауады ордентæй. 1967 азы 8 июлы ССР Цæдисы. Сæйраг Советы Президиум Зыгъуыттаты Мухтарбегæн радта «ССР Цæдисы сгуыхт тæхæджы» кадджын ном. Гуырдзыстоны авиакусджыты командæкæнынад, лолитхайад æмæ профцæдис- ты ком’итет зæрдæбынæй раарфæ кодтой се ’мкусæгæи. «Уыцы 411
кадджын ном, *— фыстой уыдон Мухгарбегмæ, — ды райстан * дæ бирæазон намысджын куыстæй. Дæуæн стыр цыт кæнынц нæ авиатортæ се ’ппæт дæр, ды тæхыны хъуыддаг бирæ кæй уарзыс, цæсго’мджын æмæ æвзыгъд кæй дæ, иумиаг хъуыддаг дын дæхи сæрмагонд хъуыддаджы хуызæн кæй у, уый тыххæй. Дæ тæхыны куыст цæвиттойнаг у æрыгон авиатортæн». Аивгъуыдта егъау дæрддзæг. Аивгъуыдтой бирæ азтæ. Фæлæ ’ма <разæй дæр дзæвгар дæрддзæг ис, дзæвгар азтæ. Лæ- гæ-н кадгæпæг азтæ.
Цхуырбаты Йван Т А Н К И С Т Стыр Фыдыбæстæйон хæсты сгуыхт танкист гвардийы майор Икъаты Алексапдры фырт Илья райгуырдис 1925 азы Дзауы районы Сазелеты хъæуы мæгуыр хæхлхш хæдзары. Уый райдиан -скъола каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы, æнæххæст астæуккаг скъола — Цхинвалы æмæ астæуккаг скъола та — Цæгат Ирыстоны, Ногиры. 1939 азы Икъайы фырт кусын райдыдта Цхинвалы ныв- и-сæны хынцæгæй. 1941 азы августы Икъаты И. А. бархийæ ацыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ, æнтысгæйæ каст фæцис уыцы аз æф- сæддон политикон ахуыргæиæндюн æмæ хæцын райдыдта фа- шистон тыхæйисджыты ныхмæ Курскы областы. 1943 азы Икъайы фырт бацыдис танкæйон ахуыргæнæн- донмæ, ссис машинæйы экипажы командир. Фæлæ йæ хæстон дæсныйад ноджы фæхуыздæр кодта Ростовы хæдтулгæ сарма- дзанты ахуыргæнæн курсыты. Уым Икъайы фырт ссис цæттæ танк^гст æмæ хъæбатырæй дæрæн кодта фашистты -йæ танкæйы цæлхытæ æмæ сармадзаны зынгæй. Икъайы фырт цы танкæйон полчы службæ кодта, уымæн иудадзыгдæр хæс чындæуыд знаджы хъахъхъæдад атонын æмæ уый зынгон тæппытæ куынæг кæнын. Ацы вазыгджын хæслæвæрдтæ Илья кæддæриддæр æххæст кадта цæсгомджы- нæй. Фашистон абырджытæ бирæ хæттыты цъистгонд æрцьг лысты Ильяйы танкæйы цæлхыты бьгн. Иу ахæм тохы Икъайы фыртæн уæззау цæф фæцис йе ’мбал, уæд йæхæдæг æрбадт тапкæйы рулыл æмæ йæ тох кæронмæ акодта. 413
Икъаты И. А. цалынмæ танкæйы командир не ссис, уæд- мæ дæр нымад уыдис хъæбатыр хæстоныл, уымæн æвдисæн у йæ командиры мæнæ ахæм фехъусынкæнинаг: «Мах бахъуыдис знаджы «æвзаг», уыцы хъуыддаг бахæс кодтам Илья æмæ дыууæ салдатæи. Уыдоп бабадтысты, гитлерон хæстонтæ нуа- зыны дон кæцæй хастой, уым, сæ разы. Уайтагъд дыууæ фа- шисты æрбауадысты донмæ, Икъайы фырт æмæ йе ’мбæлттæ уыдонæй иуы фæхурх кодтой, иннæйы сбастой æмæ нæм æй тагъд æрбахæццæ <кодтой». Уыцы «æвзаг» советон хæстонтæя фехъусын кодта хорз бæрæггæнæнтæ æмæ размæбырст фæ- рæвдздæр ис. Варшавамæ хæстæг тохты цыппар советон танкæйы атыд- той гитлеронты хъахъхъæнынад æмæ ацыдысты сæ фæсчъыл- дыммæ арф. Уыдонæй сæ иу уыдис Икъайы фырты танкæ. Фа- шистон артиллеристтæ æрхъула кодтой хъæбатыр ооветон тан- кисттыл æмæ сæ уæгъд нал уагътой. Фæлæ нæ фæтасыд сове- тон хæстонты хъайтардзинад. Илья æмæ йе ’мбæлттæ æхсæз суткæйы æнæдои æмæ æнæкæрдзынæй тох кодтой фашистон æрхъулайæ раирвæзыныл. Хъæбатыр танкисттæ иу цæф фæкодтой гитлеронты æрхъу- ла æмæ æнæзианæй æрбаздæхтысты сæ полкмæ. : Советон æфсæдтæ стыр тугкалæн тохтæ кодтой Одеры донбылгæрæтты. Уым советон танкисттæн хæсго-нд уыдис фис- тæг æфсæддонтæн плацдарм æрцахсын æмæ доны иннæ фарс знаджы нæмыгзгъалты, танкты, сармадзанты зынгæй куы- нæг кæнын. Уыцы карз тохты Икъайы фырт активон хайад кæй райста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд медалæй. 1944 азы февралы Икъаты И. А., куыд цæттæ афицер, аф- тæ æрвыст æрцыд æфсымæрон Полышæйы æфоæдтæм, амыдта уыдонæ’н йæ хæстон дæсныйад æмæ иумæ тох кодтой хæсты фæудмæ немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ. Уым дæр та Икъайы фырт йæхи æвзыгъд æмæ хъæбатыр афицерæй кæй равдыста, уый тыххæй йæ Польшæйы хицауад схорзæхджьщ кодта сæ хæстон кадджындæр хорзæх «Грюнвалды дзуарæй». Советон Æфсады рæнхъыты Икъайы фырт рæнхъон хæсто- нæй схызтис майормæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты стыр хъай- тардзинад равдисыны сæраппонд Икъайы фырт райста фараст хорзæхы. 1947 азы Илья рыздæхтис йæ райгуырæн районмæ æмæ фондз азы бæрц акуыста Дзауы районы финансон органты, 1952 азы службæ кæнын райдыдта Æфсæддон къамисариаты системæйы, куыста Дзауы районы æфсæддон къам/исариаты. Ныртæккæ та кусы Цхинвалы баиугонд æфсæддон къамисары хæдивæгæй. 414
Цæрукъаты Владимир ОЛГИНСКÆЙАГ ЧЫЗГ Æмæ дивизийы командир мæстыйæ загъта: «Уый дын æцæг кавказаг чызг, гъе!». ...Дарддæр .ницыуал фехъуыстон. Комкоммæ кæсын æм нал уæндыдтæн: йæ хъæлæсы уаг уыдис æрхæндæг, бамбæрс- тон — йæ зæрдæ цæуылдæр уынгæг кæны. Уæддæр мæ цымы- дис фæуæлахиз (уый тыххæй уацхæссæгыл зæрдæхудт нæй) æмæ аявæй мæ цæст ахастон сылгоймагыл. Уый йæ сæр 'Стъолы уæлæ дзуарæвæрд цæнгтыл æруагъта æмæ куыдта. Куыдта æмæ йæ цæссыгтæ æмбæхста мæнæй. Мæхæдæг æвдисæн куы нæ уыдаин, уæд мæ нæ бауырныд- таид — ахæм хъайтар адæймаджы уысмæн лæмæгъдзинад дæр, уымæн æмæ... ...Карз хæст та цыд. Медсанбатмæ цæфты ластой æмæ ластой. Йæ салдæтты æродхæстмæ чи разæнгард кодта, æмæ сæ разæй чи бырста, уыцы афицер, æмæ, мæнæ медсанбаты цæф лæгты мæлæтæй чи здахы, уыцы сылгоймаг-капитанæй кæмæн зындæр у, уый æнцонтыл нæ раиртасдзынæ. Дохтырты хистæр йе ’мбæлттыл кæны хъæртæ, зынтæй сын амоны, кæй цы кæ- кын хъæуы, уый. Цæфтæй исчи куы ахицæн вæййы а-дунейæ, уæд тынг смæсты вæййы. Уæззаудæр цæфтæм зилы йæхæдæг. Фæлæ уыдон æгæр бирæ куы сты, æгæр... Зæхх ризы. Хала- гъудтæ змæдынц. Цæуы пулеметты къæр-къæр. Адæм сæ туг кæм калынц, уырдæм 15 километры йедтæмæ нæй, мæлæт а’м Даер йæ кæнон кæны. Фæлæ уæддæр адæймагмæ, телефоны хæ- тæл куы сисы, уæд афтæ фæкæсы, цыма дард фæсчъылдымы ис, æмæ хинымæр алкæй дæр æвæры йæхицæй зындæр бьгнаты. Фæлæ цы уа ацы хатт та? 415
— Хъусы капитан! — Булкъон пырх къабæзтимæ хуыссы тохы фæзы... Уыцы булкъоны цард стыр зынаргъ у. Уыцы бул.къоны зо- нынц æнæхъæн æфсад. Иста йæ уд. Дохтыр хъæуы, дохтыр. Раст ын нæмгуыты бын бакæнын хъæуы ахъаззаджы æххуыс. Хистæр разамоиджытæй дæр уалынмæ дзырд æрхæццæ: бул- къонæн цыфæндыйæ дæр мæлæтæй бахизут йæ цард. Арвысто<й фельдшеры. Фæмард. Арвыстой иннæйы. Фæмард. Рæстæг цæуы — булкъон йæ туджы мæцы... Минуттæ сты ны- мад. Капитан æртыккаг фельдшеры йемæ айста æмæ йæхæдæг ацыд. Сыпт сæ фæдыл ласгæйæ, мæрдтыл æмæ цæфтыл сæхи къуыргæ, сæ ’фазыл бабырыдысты. Ссардтой йæ. — Булкъон, булкъон! Мах мæнæ стæм! — Капитан, сымах та ма цæуыл сафут... уæхи?.. Фæлæ капитан нæ хъусы — йе стæгсæстытæ йын бæтты лæдзджытæм. Февнæлдта хызынмæ. Цы фæцис? А-а! Нæмыг ып йæ рон алыг кодта æмæ кæ’мдæр фæндагыл баззад. Дохтыр йæ дзаума аскъуыдтæ кодта... Æрдæгмард лæджы, хъаймæты зынтыл ахизгæйæ, сæмбæ- лын кодта полчы медпунктмæ. Ам ын йæ буары туг бауагъта æмæ та йæ аластой дарддæр медсанбатмæ. * Цæф лæджы æрдæргъ кодтой сшерацигæнæн стъолыл. Йæ зæнг ын дохтыр-хирург кардæй фыццаг лыг ныккодта. Æвии- пайды немьщ нызгъæлстой бомбæтæ, Капитанæн чи æххуыс кодта, уыдонæн сæ фылдæр инструменттæ феппæрстой, удаис- гæй азгъордтой æмбæхсæн ныккæндтæм. Чызг та йæ арм цæф лæджы зæнгыл æндæгъта æмае йыл æппæт буарæй фæдæлгом- мæ: уадз, уæддæ(р салдатыл сма суайой удхæссæг æфсæйнаджы схъистæ. Цатыр стæхынæввонг сси, уигъы йæ бомбæты дымгæ. Ныссыхырна нæмгуытæй. Фæлæ дзы ничи сæмбæлд дохтырыл. Зæ>хх пе ’нкъуысынæй чысыл куы фендад, уæд дохтыр сыстад цæф лæджы уæлæйæ: — Ей, чи ис ам? Къуымæй рахылдысты «операцион хо» æмæ фельдшертæй иу: капитанæй нæ бауæндыдысты алидзын. Операци райдыдта ног æмæ хорзæй ахицæн. Уый дæр та Карелийы фронты. АйхъуыСт хабар. Дивизийы комаадир, йæ хæдивæг, ацы æфсæддон хайы командир æмæ иннæ хистæр афицерты къорд фæзындзысты ардæм. Чысыл фæстæдæр ноджы бæлвырддæр хабар: бабæрæг кæндзысты 352-æм медсанбет Дæр. Чызджытæ сæхи биби кæнынмæ февнæлдтой, цъыллынджытæ кæньвдц. — Фæуадзут уæ митæ! — фæхъæр сыл кодта нæ зонгæ чызг-кашитан, — кæннод уæ рудзынгæй акалдзынæн!.. Уыдон, мæгуырæг, сæ базыртæ æрбацыбыр кодтой æмæ 416
сыи куыд загъдæуыд, афтæ медсанбат рæвдзытæ, сыгъдæджы- тæ кæныныл балæууыдысты. Æппæт дæр диссаджы рæвдз скæ- нын кодта капитан. Æ’мæ йын медсанбаты тыххæй рапорт рад- тын бафæдзæхстой. Уый цæмæдæр гæсгæ иæ фæндыд æмæ мед- санбаты хицауæй ракуырдта, фæлтау æнæрады дежурствомæ ^цæудзынæн, зæгъгæ. Иемæ зын дзурæн у. Ацыд. Дыккаг бон æнæрынцойæ — дежурствойы. Бæстæ — са- бырдæр. Дыууæ салдаты цæнгæт пецы цур бадынц. Бадзырдта сæм: — Æндзаргæ-ма кæнут! Æз аулæфон. Урс уæлдзæрмтты кæриæн йæ иу къабаз йæ быиы, иннæ — нæ уæлæ, афтæмæй йæхи æруагъта. Дунейыл, кæй бою у зæгъын, цæуыл хъуыды кодта ацы са- быр сахат æрыгон уд, — йæ æнæнтау æвзонгадыл? йæ рухс бæллицтыл? Кæд йæ дарддæры хъысмæтыл? Æмæфынæй баци^ -- Æмбал дохтыр! Æмбал дохтыр! — Цы хабар у?! — Ардæм æрбацæуынц инæлæрттæ. — Æмæ цы? Дуар æрбайгом. —Цæуылнæ дæттыс рапорт æгъдауыл? — Ме ’фсæддон уæлæдарæс мæ уæлæ н«тй, æмæ уымæн, ^пмбал дивизийы командир! — Дзæбæх слæуу! ~ — Мах цæфтæм нæ гуыбыныл фæбырæм, æмæ уыйас дæс- ны нæ дæн, æмбал дившийы командир! Инæлар тынг смæсты: — Дæттын дын дыууæ наряды æнæрады! — Æз ныртæккæ дæр æнæрады дежурнæ дæн, æмбал диви- ;пйы командир! Ацыдысты. Салдæттæ та дзагъырдзастæй кæсынц док- тырмæ. — Æндзаргæут пецы! — загъта дохтыр æмæ та кæрцы пæхи батыхта. Чи у уыцы гуымиры, зæгъгæ, фарстой инæлæрттæ. Ирон чызг. Калма-нты Оля. Медсанбаты дежурнæ куы иæййы, уæд æм цъиу батæхæг нæ уадзы. Йе ’мкусджытæ дзы гæрсынц, уæлдайдæр — ’чызджытæ... Цæфты -ног къорд æм куы *рбала<сынц, уæд сæ иннæ дохтыртæй раздæр æмæ хуыздæр сдзæбæх кæны. Фашисттæ бомбæтæ куы феппарынц, уæд рын- ^ынты иунæг^ хатт дæр иунæгæй ’нпкуыма ныууагъта, æрмæсг ма уый аззайы сæ уæлхъус. Уæлдай митæ нæ уарзы. Иу къул- бадæг афицеры та нæмгæ фæкодта. Куыста ординаторæй, ныр у хистæр хирурджы хæдивæг. Фæлæ хистæр хирург Дæр Оляйæн йæхи фæфæрсы. Оляма^ стыр фæлтæрддзинад ис: Финляндийы хæсты дæр архайæг 27* гЛ\7
уыд — хирургион хайады сæргълæууæг, стæй та — госпиталы хицау. Хæсты размæ бирæ фæкуыста дохтырæй Цæгат Ирысто- ны, горæттæ Орджодикидзе æмæ Беслæны. Æрмæст йæ аошг рантурæйы хъуыддаг нæ цæуы. Ленинграды центрон наукоп- иртасæг институты аспирантурæйы иу цасдæр куы фæци, уæл Финляндийы хæстмæ ацыд. Цыппорæм азы йæм æрбаздæхт. фæлæ та ног хæсты тæккæ фыццаг бои араст фронтмæ. Ныр дæр, æвæццæгæн, тынг хъынцъым фæкæны йæ ахуыры къуьг лымпыйыл. Йæ фыццаг уац «Повышается ли эффективность биологической диагностики беременности в присутствии лиза- тов» мыхуыры рацыд 1939 азы журнал «Акушерство и гинеко- логия»-йы. Наукон куыст нæ уадзы а(м дæр. Хиетæр хирург Ге- оргий Алексапдрович Русановимæ ныффыстой ахсджиаг уаи «Отморожение 4-й степени». Хæсты быдыры цы æрмæг æрæм- бырд кодтой, уый ис йæ бындуры. Ирон чызг Оляйы хуызæн фидар адæймæгтæ æфсæддон хайы дæр бирæ нæй. Иæ хъазуатон фæллæйтты тыххæй йæ бав- дыстой Ленин’ы орденмæ. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ та дежуркæмæ фæзындысты адъютанттæ: «Дивизийы командир дæм дзуры!» Калманты чызг ацы хатт æфсæддон рæвдзæй рараст. Уæрæх блиндажы инæлæртты цур зыхъ-зыхъгæнгæ балæууыд, æрттиваг цырыхъ- хъыты зæвæттæ кæрæдзиуыл бакъуырцц ласта: — Æмбал дивизийы командир, уæ бардзырдæй фæзындис медсамбаты хицауы хæдивæг, медицинон службæйы капитан... Инæлар æм æдзынæг фæкаст æмæ загъта: — Уый дын æцæг кавказаг чызг, гъе! ...Ацы хабармæ куы æрхæцпæ стæм, уæд йæ зæрдæ суъш- гæг. Æрымысыд, йæ тæ-ккæ дом’байыл куы уыд, уыцы бонтæ Æвæццæгæн, уыдон семæ ахастой, æрыздæхæн кæмæн нал ис, ахæм æхсызгон сагъæстæ... Æрымысыд, йæ хъару цæстæвæрд куы уыдис, йæ чызгон сæрбæрзонддзинад йæ уæлвæнгты куы. хаста, уыцы дуг. — Афтæ йæ æмбæрстон æз. Бирæ фыдтухæнты ма фæцис уый фæстæ дæр. 1942 азы кæрон кусын райдыдта 1021-æм эвакогоспиталы æмæ дзы не схицæн хæсты кæронмæ. Уыд хирург-ординатор æмæ эвакбюро- йы хицау. Нæ уæлахиздзау Сове^он Æфсад размæ цæуын куы райдыдта,.уæд ирон чызг ахызт Румынийыл, Чехословакийыл^ Венгрийыл, Австрийыл. Горæт Братиславæйы (Чехословаки) , райста Плиты Иссæйы фыстæг- «Уыцы булкъон мыл сæмбæ- лын кодта дæ къухмæрзæчтæ. Æз сæ инæлæрттæн байуæрстсн æмæ сын загътон, дæмæй-иу алы ног байст горæты сæрмæ Дæр <батилой ироч чьпджы къухмæпзæнтæй иу.--». Зын зæгъæн у, Оляйы къухмæрзæчтæ сфаг сты, уый, фæлæ хæст уæлахизæй ах^цаг*, æл^æ Калманты чызг æрбаз- дæхт Лен’инградмæ, дарддæр ахуыр кæнын райдыдта аспирап- 418
турæйы. Фæци йæ æмæ 1950-æм азы сси медицинон зонæдты кандидат. Калманты Олья фæстаг азты кусы Ленинграды С. М. Ки- ровы номыл дохтырты дæсныйад бæрзонддæргæнæн Паддзаха- дон институты акушерад æмæ ганеюологийы кафедæрйы ассис- тентæй. ...Олья арæхдæр æрымысы йæ фæндаджы райдайæн. Ол- гинскæйы йæ фыд Дженайæ мæгуырдæр лæг нæ уыд. Мад æмл* фыд сæ иунæг чызджы ахуырыл сæ уд хъардтой, фæлæ йынг æгæрыстæмæй, фæндаггаг амал дæр дзæбæх сæ фадат нæ уыд. Чызг, Дзæуджыхъæуы скъолайæ-иу куы рауæгъд, уæд хæ- дзæртты ахуыр кодта сæ хъæуы сывæллæтты, æмæ йæм цы муртæ бамбырд, уыдон уыдысты йæ фæндаггаг, Бакуйы меди- динон институтмæ цæугæйæ. Ныр нæ фæсивæдæн ахуыр’мæ, цардмæ фæндаг уæрæхдæр д.»мæ рогдæо у Оляйы хуызæн хъайтар адæймæгты руаджьк
Джыгкайты Ф. СЫВÆЛЛÆТТÆ НÆ ФЕСÆФТЫСТЫ Бæгъæввад, бæгънæг лæшпу лæууыд кæрты æмæ йе ’нкъард цæстытæй каст уынгмæ. Рустæ бахаудтой, цæсгом мæрдон фæ- лурс ныцц’ис. Куыд ’ма цæуы йæ къæхтыл, куыд ма сисынц ис- ты уæзæг йæ къухтæ? Ахболат бахызт кæртмæ, хæстæгдæр ба- цыд сывæллонмæ. Лæмбынæг ын -ныккаст йæ цæсгоммæ. Лæи- пу фæтарст, æнæзонгæ адæймаджы афицеры дзаумæтты фен- гæйæ, фæзылд хæдзарырдæм æмæ уæд лæг йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта: — Сережæ, мæ хъæбул! Сывæллон фездæхт, йæ ном фехъусгæйæ. Ногæн та фæком- коммæ афвдермæ. — Папæ, папочкæ! — ныцъцъæхахст кодта æмæ йæхи æр- цауыгъта лæджы хъуырыл, цæссыгтæ æрызгъæлдысты. Куыдта Ахболат дæр, куыдтой дыууæ адæймаджы: хæсты быдырты >мæлæты цæстмæ алы минут чи каст, уый æмæ чысыл саби. Ахболат Сережæйы рахаста йæ хъæбысы, сæвæрдта йæ автомашинæйы æмæ иал æмæ нал æфсæст уарзон хъæбулмæ кæсынæй... ...Сабаты фæссихор Азæ загъта Ахболатæн: — Сæ зонгæ сылгоймаг йæ гуырæнбои бæрæг кæиы. Цом, ацæуæм, цауæд худинаг у. — Æнæвдæлон дæн тынг. Дæхæдæг ацу, æз та изæры сы- вæллæттæ’М фæкæсдзынæн. Азæ ацыд. Æрæджиау æрбацыд йæ фатермæ арæнхъахъ- хъæнæг (Полчы къамисар Карсанты Ахболат. Сывæллæттыл йæ цæст ахаста. Мæнæ пъолыл бафынæй, хъазæнтæ йæ хъæ- бысы бакæпгæйæ, Сережæ. Æвæццæгæн, бафæллад. Фыд сис- та лæппуйы æмæ йæ хуыссæны сæвæрдта. Хистæр фьирт Вало- дя фынæй кæны йæ сынтæджы. Бæргæ йын бафæдзæхста, сьг 420
гæллæттæм-иу фаркæс, зæгъгæ, фæлæ... Ак’сама,' нуыд айрæзт! Дст азы йыл цæуы ныр. Йæ фарсмæ хуйссы афæдздзыд Зи- нæ — се ’ппæты кæстæр, йæ къухтæ сæры бын бакотга, афтæ* мæй. Бафынæй саби, ницæуыл мæт кæны, ницыма æмбары. Валодя йæ æрбакодта йæ хъæ-бысы, цыма йын истæмæн тарст, уый хуызæн. Æрхуыссыд’ Ахболат дæр. Фæлæ йæ зæрдæ æхсайы полк- маз. Арæны фале фæстаг бонты немыцæгтæ цыдæр æнахуыр змæлч кæнынц, уæлдайдæр æхсæвыгон. Абон дæр уымæн ба- фаостпаг. Командиримæ ныхас кодтой полчы уавæрыл, йаз хæстои цæттæдзинадыл. Маневрæтæ, дам, кæнæм, загътой немьг цæгтæ, фæлæ цынæ вæййы. Æмæ бахъуаджы заман алы сырх- æфсæддон дæр хъуамæ аккаг ныхкъуырд радта фыдызнагæн. Ныссабыр бæстæ. Уæлдай змæлд, уæлдай ныхас никæцæй уал хъуысы. Сæ фæллад уадзынц, посты чи нæ лæууы, уыдок, сылгоймæгтæ, сабитæ. Фæл^æ уый цы у? Бонырдæм зæхх нып- къуысыд. Ахболат фехъал. Фестад, ракаст рудзынгæй. Дардæй хъуысьгац топпы гæрæхтæ, пулеметы къæр-къæр, куы иу, куы иннæ ран судзынц хæдзæрттæ. Бамбæрста хъуыддаг. Хуымæ- тæджы æнахуыр змæлд иæ кодтой немыц. Кæд, мыййаг, хæст райдыдта. Хуыцау бахизæд. Цы фæуыдзысты сывæллæттæ, сæ мад дæр ам куы нæ ис. Тагъд-тагъд акодта йæ дзаумæттæ. Райхъал сты сабитæ дæр. — Вовæ, фæкæс гыццылтæм, æз тагъд фездæхдзьгнæн, — бафæдзæхста Ахболат хистæр лæппуйæн æмæ ацыд æфсæдаоа хаймæ. Фæсайдта йæ хъæбулты Ахболат. Нал сæм æрбаздæхт, нал æй равдæлд бинонтæм. Ахъаззаг мæлæтдзаг тох бацайдагъ фа- шистон æфсæддонтимæ. Хæцæнгарзæй тыхджындæр знаг фæ- >æлахиз арæнхъахъхъæнджытыл æмæ фæстæмæ рацыдысты. Ныууагътой сæ бынат, бинонтæ. ...Цы фесты сывæллæттæ, чи сæ бахъахъхъæндзæн? Уыны хъуыды уæгъд иал уагъта Ахболаты. Сæ мад ма семæ уæддæр куы фæуыдаид, уæд сæ, чи зоны, сæфын нæ бауагътаид. Фæлæ сæ мад дæр нал æрбаййæфта. Сæумæрайсомæй ма бæргæ æрбацыд, фæлæ уæдмæ æфсæддон городочы уыдысты иемыц æмæ йæ уырдæм хæстæг дæр ничи бауагъта. «Кæм сты сывæллæттæ, Ахболат сæ фервæзын кодта, æви иæ?» — са- тъаэс гадта Азæ. Æрмæст никæмæй ни.цы хабар фехъуыста. Базыдта уый, бирæ командирты бинонтæ фашжлты къухмæ кæй бахаудтой. Азæ сфæнд кодта йæ сабиты «ссарыи, Райгуы- рæн бæстæйæн тæссаг заман феххуыс кæнын æмæ ацыд æф- саэддон хаймæ. • Полк хъазуат тох кодта знаджы ныхмæ. Иу æмæ дыууæ хаттынæ бацыд мæлæтдзаг хæстмæ къамисар Карсаны фырт, алы сахат дæр мысыд йæ сывæллæтты, Азæйы. Кæм сты, цы 421
сыл æрцыд? Кавд сæ мыййаг фашистты бомбæтæ сæ быны фæ- кодтой? Маст æхсыстис къамисары риуы, æрмæст йæ бон нæ бацис бюнонты ссарын æмæ сæ æдаодæр ранмæ, йæ райгуырæи хъæу Елхотмæ арвитын. Иу хæст иннæйы фæдыл. Ахболат цыд атакæйы. йæ фæс~ тæ хуыдта æфсæддонты карз, мæлæтдзаг тохмæ. Кæм уыд рæс- тæг Азæйы, сывæллæтты ссарынæн! Фæцис радон атакæ. Фа- шисттæй та бирæ ссардта йæ мæлæт советон зæххыл. Ахболат йæ фæллад уагъта акъопы. Æрбацыд ностхæссæг æмæ йæм радта æртæтигъон писмо: мæ-нæ диссæгтæ! Азæйы къухфыст. «Æз фæцæф дæн æмæ хуыссын госпиталы, — фыста Азæ. — Кæм сты нæ сывæллæттæ? Ныффысс мæм æрмæст рæстдзи- над». Цы йæм ныффысса, куыд ын зæгъа рæстдзинад? Атондзæн мады зæрдæ. Фæлæ йын уæддæр нæй æнæ зæгъгæ. Æмæ ныф- фыста, хъуыддаг куыд уыд, уый. Алы ныййарæг дæр бамбар- дзаш, Азæйы зæрдæ уыцы рæстæг цы уавæры уыдис, уый. Куыд нæ ратыдта, куы! Ау, фесæфдзысты сабитæ, бабын сæ кæндзысты? Фашисттæ тæригъæд никæмæн кæнынц, никæуыл ауæрдьгнц. Ахæм у сæ удыхъæд, сæ зондахаст. Нæ баЦауæрд- дзысты Карсанты сывæллæттыл дæр. Азæ* йæхи цæстытæй фед- та ноггуырд сабиты тугæйдзаг мæрдтæ. Тагъддæр фронтмæ, знаджы ныхмæ тох кæнынмæ. Æмæ куы сдзæбæх, уæд ацыд, Ахболат цы æфсæддон хайы уыд, уырдæм. — Æз хъуамæ æнæмæцг ссарон мæ еабиты, — фидарæй загъта Азæ æ’мæ Ахболаты бон зæгъын ницыуал бацис. Цал æмæ цал хатты сæмбæлдысты лидзæг адæмыл, знагæй тæрсгæ йæ сæ цæрæн бынæттæ чи уагъта, уыдоныл, фæлæ сæ дыууе фырты æмæ чызджы никуы федтой. Кæронмæ фæцæйхæццæ кодта 1944 аз. Советон Æфсады тыхджын цæфтæ фæстæмæ сырдтой фашистон æрдонгты. Знаг лыгъд йæ лæгæтмæ, хæсты быдыры мингай мæрдтæ æмæ пырх техникæ ныууадзгæйæ. Барухс адæмы зæрдæ, цин кодтой дæл- булкъон Карсанты Ахболат æ^мæ йæ ус Азæ дæр. Бирæ рæс- тæг нал баззад уæлахизы бонмæ. Ныр кæд ссариккой сæ „хъæ- булты фæд, кæд сæ фехъусиккой исты хорз хабар. Азæ æн- хъæлцау уыд æмæ йæ бæргæ нæ фæндыд йæ æфсæддон хай ьыууадзын, архайдта дарддæр хæстон фæндæгтыл ацæуыныл, фæлæ йып нал бантыст: декабры ращ’ыд приказ, сæ хæдзарма* цæмæй ацæуа, уый тыххæй æмæ сыздæхт Елхотмæ, Ахболат та цыд размæ, бахæццæ, дзæвгар рæстæг ’цы арæнтæ фæхъахъ- хъæдта, цыппар азы размæ йæ сывæллæтты кæм ныууагъта, уыды арæнтæм. Знаг æнцонæй нæ уæгъд кодта нæ зæххытæ л*мæ алы хъæу, алы горæтыл дæр хъуыд карз тох кæнын. Мæнæ ссæрибар Гродно — белорусаг горæт. йæ цæрджы- -}22
тæ адджын хъæбыстæ æмæ зæрдиаг батæ кодтой советон æф~ сæддонтæн. Ахболат командиры уынаффæмæ гæсгæ ацыд, би- рæ адæм цы ахæстоны бадт, уырдæм, æМæ сæ уырДыгæй ра- уагътой. Фæлурс цæсгæмттæ, æнæхъару, фыдхуыз адæм. Иуы дæр, куыд фæзæгъынц, туджы цъыртт нал баззад. ТыхаМæлт- тæй ма лæууыдысты сæ къæхтыл, къухтæ, зæнгтæ зыр-зыр дадтой. Фырцинæй дзурьщ йæ бон никæмæн уал уыд. Ахæсто- :ты кæртмæ сын хæринаг æрбаластой. Ахболат сæм каст æдзы- пæг æмæ йæ зæрдæ скъуыд сæ тæригъæДæй. Æвиппайды йæ хъустыл ауад: — Æмбал дæлбулкъон! — зæгъгæ, æМæ иу сылгоймаг, уъæлæсыдзаг кæугæйæ, ныттыхст йæ хъуырыл. Æрæджиау æй базыдта, афтæ аивта йæ хуыз — уый разы^д сæ полчы вете- ринарон службæйы хицау Сафроновы ус. Иу ран цардысты, хæрæдзимæ арæх цыдысты. Сылгоймаг йæхиМидæг куы ’рцыД, уæд Ахболаты бафарста: — Дæ сывæллæтты ссардтай, ракодтай сæ? — Æмæ сæ кæцæй ракæнон, кæм сты, уый куынæ зонын. — Æз сæ фæстаг хатт федтон Граевойы, афæдз æмæ &р- чæджы раз’мæ. Немыцæгтæ сæ уæй кодтой, алы сывæллоны дæр 8 злотæйыл. Дæ кæстæр лæппуйы балхæдта бонджын зæх- кусæг Буйковский. Ахболаты цинæн кæрон нал уыди. Фæлæ уыцы горæт нæма ссæрибар. Рацыд цалдæр боны æмæ совегон -инсЬормбюро сЬе- хъусын кодта, Граево карз хæстыты фæстæ уæгъдгонд кæй æрцыд, уый. Дæлбулкъон æвæстиатæй а-пътд горæтмæ. Цæр- джытæ йын бацамыдтой Буйковскийы хæдяар. Æнпонæй йæ ссардта, Сережкæйы дæр уыдоны кæрты баййæАта. Лæппу ра- дзырдта, Валодя кæм ис, уый. Арæх-иу æмбæлдысты æмæ-иу хистæр кæстæрæн æрбахаста исты хæринæгтæ. Ахболат ракод- та уый дæр, стæй та ссардта ЗинæйЫ... ...Мах бадæм Елхоты хъæусоветы сæрда.р Карсанты Ахбо~ латы кабинеты. Фæрсын æй, сывæллæтты хъысмæт куыд рауад, гымæй. Валодя ссис афицер, у хистæо лейтеиант, службæ кæны Германы, Сережæ — бульдозерист. Фыдыбæстæйы хæсты фæс- тæ Зинæ фæмард быдыры дзæгъæл гæрахæй. Хъазбег рай- *уырд 1945 азы æмæ ис Советон Æфсады рæнхъыты. Сæ мад Азæ та фæзиан фарон. Бирæ хæрзиуджытæ райста Ахболат — «Ленины», «Сырх 1'ырыса.йы», Фыдыбæстæйы Хæсты», «Сырх Стъалыйы» æмæ æн- дæр ордентæ, польшæйаг орден «Большой крест», майдантæ. Фæзæро-нд Ахболат, фæлæ нырма — сæрæн, царды уæззау азтæ æмæ хабæрттæ йын йæ хъару нæ асастой æ’мæ кусы йæ лъæубæсты фæллойгæнджыты цард фæхуыздæр кæнЫнЫЛ.
Козаты Исидоп ФÆЦУ ÆМÆ ÆРЦУЙЫ ФÆНДАГЫЛ... Дыууæ уацы. Цины уац æмæ лъыджы. Лдæймаджы царды райдиаи æмæ йæ кæрон. Фыцдаг уац — фыдмæ, 1918-æм азы. Сæрибары сæрыл тох йæ тæмæны. Уым уыд тохгæнджытимæ хъорнисаг сырх партизан Козаты Уасил дæр. Уым фехъуыста цины уац: райгуырдис ын лæппу, фыццаг бындар, фыцдаг цип. Æхсызгон хабар айхъуыст æмбæлттыл. Арфæтæ, царды фæн- диæгтæ. Нал æй пыууагътой. Скуывтой ноггуырдæн. Сæрæн лæг рацæуæд, хызт уæд фыдамондæй. Йæ хотых— ахуыр, фæл- лой, сабыр цард. Чида^ртæ номæвæрæг дæр сæхи фæкодтол. Фæлæ уыцы бар -никæмæн радта Уасил. — Чизоны ирон æгъдау халын. Фæлæ дзырд радтон. Ироп лæг та йæ дзырд нæ сайы. Хорз хæлар мын уыд, Шаликъо хуынд. Æвзæр ном нæу. Стæй лæппуйæн йæхиуыл баст уы- дзæн. йæ номæн дæр ном лæг йæхæдæг кæны, мæ яæлар Ша- ликъойау. Тбилисы базопгæ дæн йемæ, гуырдзиаг уыд, кусæг. Уæд ма æххуырсты уыдтæн æлДæрттæ Херхеулидзетæм.' Би- рæ’ фыдæбон, цъус цин. Уый уыд æххуырсты хъысмæт. Уæл- дайдæр та ирон лæгæн. Мæ зæрдæмæ рухсы цъырт никуыцæй каст. Ма> амондæн Шаликъоимæ фæзонгæ дæн. Уый мын ра- дзырдта сæрибарыл тохгæнджыты тыххæй. Æмæ баиу дæн семæ. Бамбæрстон мæ нысан. Калакаей дæр , уымæн рацыд- Тæн-. — .Амондджып ном фæуæд, дæуæн æмæ Ирыстонæн, дæр кад чи скæна, — загътой æмбæлттæ. 1 Дыккаг уац — фыдохы уац Шаликъойы «мадмæ. Фыцца- 424
гæй 25 азы фæстæ, 1943 азы: Фыетой йæм æфсæддон къами* сарнатæй. «Дæ фырт, кæстæр лейтенант 'Козаты Шалмкъо Уасилы фырт, нæ содиалистон Райгуьирæн бæстæйы сæрвæлтау тохы, æфсæ.ддо’н ардбахæрдыл æнувыд уæвгæйæ, стыр хъæбатырдзи- над æмæ лæджыгъæд равдисгæйæ, мард фæцис 1943 азы 17 январы. I : ’. " . Ныгæд’æрцыд Воронежы областы,'горæт Россошы сæйраг фæзуаты, Ленины цырты фарсмæ». Уыдон уыдысты Ирыстоны хъæбатыр фырт, хъорнисаг :,ыфсджын цæргæс Козаты Шалйкъойы ’царды дыууæ кæроны. Цард. Цыбыр, фæлæ вазыгджьгн. К/ьуыхцытæ æ*чæ уæлахиздзп- пæдтæй хъæздыг, цинтæ æмæ бпрæ хъыгтпмæ. Рæзти йæ райгуырæн сых — Парсатæм. Æмкъахдзæф код- та мидæггагон хæсты азты тохимæ. Уым уыд йæ фыд Уасил дæр с-уанг фæуæлахизы онг. Тох кодта легендарон Исахъы хæстои- гы рæнхъыты, дæрæн кодта меньшев.икон лæгбирæгъты. Æ-мæ .ирхаста цард, сæрибардзииад. ( Æрцыд йæ райгуырæн уæзæгмæ. О, уæзæг. Æндæр ын ихонæн иицы уал уыд. Цы ма дзы ныууагътой меньшевиктæ! Цъыбыртты сыгъд сæ бакодтой, дур-дурыл дæр нал баззад. Сырх оартизанты «ахстон» æй хуыдтой. «Уæйгæпджытæй» сык зындгоид уыдысты хъæбатыр партизантæ Козаты Уасил, Гора\ Тане, Гæндил æмæ иннæтæ. Æндæр сын ницы уыд сæ бон, æгъæдзарæй сæ ныууагътой. Æниу ма фыддæр цы уа — адæ- мæй, фосæй уæзæджы къæйыл баззадысты. Фæлæ уæззау фæлварæнты чи бафæрæзта, уый >ыцы зын- дзинадæй кæм фæтасыдаид! Ног дуджы комулæфт сæ ныфс бауагъта. Æмæ æрывнæлдтой цард аразынмæ. Фæзындысты ног хæдзæрттæ, чысыл муртæ. Цард æндидзын райдыдта. Фæ- лæ уæддæр зын уыд. Зын уыд зæхцух фыдæн йæ бинонты да- рын. Уæдмæ уыдон ноджы фæфылдæр сты. Бафтыд ма сæм дыууæ фырты — Федыр æмæ Чеслав. Уыдок дæр сомбоны хæстонтæ, сомбоны цæргæстæ. Æмæ бауынаффæ кодта фыд: фæцæуын хъæуы искуыдæм куыстагур, исты амал хъæуы. Равзæрста Чъиатурæ. Ацыд. Фаг лйэ уымæн дæр фæцис фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндаг — йæ адзал æй уым æрыййæфта. йæ мард ма сæмбæлд йæ райгуы- рæн къуымыл. Уый уыд 1927 азы. х Баззад мад иунæгæй, æртæ æнахъом сидзæримæ. Царды уаргъ ныр Пдийы хæссинаг фæцис (афтæ хуыдтой Верæйы, Плитæй кæй у, уый тыххæй). Цы кодтаид, радта Шаликъойы КуртаДы сывæллæтты хæдзармæ. Иннæтæн æнæбары амæлттæ кодта. Фæлæ цас? Алчи галдых, лæгдых. Цы йæ бон уыд сыл- гоймагæн та? Уæдмæ «иннæ фырттæ дæр скъолайы кар систы. Фæлæ скъола — дард. Уалдзæг æмæ фæззæг — ивылд дæттæ. 42&
лымæг — бирæ мит. Æмæ сфæнд кодта Верæ горæтмæ рали- дзын. йе ’фсымæр Плиты Арон, йæ тиу — Козаты Горæ уым дардысты, фæкæсдзысты ййем. Æниу ын дзургæ дæр рагæй код- той, фæлæ йæ нæ хаста йæ къах йæ лæджы хæдзарæй. Ныр ■æндæр гæнæн нал уыд. Куыста æфснайæгæй. Уæдмæ æххуыс- хъом фæцис йæ хистæр фырт Шаликъо дæр æмæ сæхиуыл фæ- хæцыдысты. Фæстийæ баззадысты ныр сывæллæтты хæдзары арвитгæ бонтæ. Иуварс авæрдта Шаликъо 7-æм къласы чингуытæ. Дард- дæр — педагогон техникум. Ахуыргæнæг суæвын йæ бæллиц уыд. Æмæ ахæм миниуджытæй та куыннæ уыд хайджын! Уæз- дан, æмбаргæ, х-иуылхæцгæ. Ахуырмæ — æмбисонд, æвзыгъд спортсмен. Æмæ йæ уарзтой ахуыргæнджытæ, æппæт æмбæлт- тæ. Æнувыд æмгар, иузæрдиои æфсымæр, Райгонд дзы уыд мады зæрдæ. Стыр уыд йæ ныфс. Тагъд фæуыдзæп йæ ахуыр, райдайдзæн кусын. Йæ фырт уыдзæн зхуыргæнæг. Фæлæ æндæр уыд Шаликъойы хъысмæт. йæ ба- зыртæ йæ истюй уæларвмæ. Ахуыры æмрæстæджы уымæн цыд Стал’иниры аэроклубмæ дæр. Ам стахт фыццаг хатт уæлдæф- мæ. Ардыгæй райдыдта тæхын кады бæрзæндмæ. Æмæ ныр педагогон техникумы фæстæ йæ фæндаг акодта Сталинграды авиацион ск^оламæ. Фæлæ йьгн нæ бантыст й& бæллиц сæххæст «æнын. Ныууагъта йæ ахуыр æмæ æрыздæхт Ирыстонмæ. НогæД та аэроклуб, тæхджыты курсытæ. Каст сæ фæцис æнтысгæйæ. Снысан æй кодтой тæхæг-инструкторæй. Иттæг арæхстджынæй æххæст кодта уый ацы бæрнон хæс. Нырма дæр нæ рох кæны хъорнисæгтæй: куыддæр-иу æр- бабон, афтæ Зары къуылдымæй æрвыл райсом дæр райхъуыс- таид хæдтæхæджы уынæр. Зыдтой йæ, уый Шаликъо у. йæ фæндаг — йæ райгуырæн сых — Парсатæм, уырдыгæй дæлæ- мæ, кæмтты, фыццаг дамгъæтæ кæм базыдта, уы.цы скъолайы сæрты. Стæй фæстæмæ аэродроммæ. Афтæ бон цалдæр хатты. Фæлæ дыууæ стахты тынгдæр бадардтой адæм сæ зæрдыл. Сæ иу — раздæр. Култы дуг Ирыстоны хуыздæрты къорд* гай куы ныхъхъуырдта, уьгцы рæстæджы. 1937 аз. Фæззæг. Ша- ликъойы ныпйарæг уыд Хъорнисы. Æрвыл райсом дæр цинимæ ^ембæлд йæ цæргæсыл. Фæлæ йæм уыцы хатт цины уац не схаста. Фæзындис та къуылдымæй. Æрзылд хæдзæртты сæр- кæ, цыдæр гæххæтт æрæппæрста, йæ хæдтæхæджы базыртæ дыууæрдæм баикъуыста æмæ фæстæмæ фездæхти. Мад атагъд кодта горæтмæ, фæлæ — нал. Йæ уарзон æфсымæр Ароны æр- цахстой. Нал федтой кæрæдзи. Иннæ хатт дæр афтæ. Уый та уыд 1942 азы райдианы, Шаликъо цыд хæстмæ. Уæды онг æй нæ ауагътой, цæттæ код- та тæхджытæ фронтæи. Фæлæ кæдмæ хъуамæ уыдаад фæс- чъЫлдым! Уый йæ сæрмæ нал схаста æмæ ныр хæрзбон кæнЫ т
Ирыстонæн. Фæлæ та ацы хатт дæр райдыдта йæ райгуырæн Хъорнисæй. Æртæ хатты æрзылд йæ сæрмæ, <йæ хæдтæхæджы базыртæ та хæрзбонгæнæджы æнкъуыст бакодта дыууæрдæм а>мæ уыцы иу раст фæцис къуылдымы еæрты. Цæмæй зыдта, явмæ уый фæстаг хæрзбон уыдзæнис! Хæст уыд йæ тæккæ тæмæны. Цæгатæй суанг хуссары онг æмвæтæн фронты советон адæ<м хъæбатырæй тох кодтой фашистон тыхæйисджыты ныхмæ. Раст уыцы рæстæджы сми- дæг тохы цæхæры Козайы фырт. Уый уыд дыккаг уæлдæфоч арм.ийы 646 рог бомбæзгъалæг полчы. Тæхыны хъуыддаг ын амонын нал хъуыд. Æрмæст <ма чысыл рæстæджы сахуыр код- та æхсæвыгон тæхыны дæсныйад. Æмæ тагъд рæстæджы йæ пом айхъуыст æнæхъæн армийыл. Штурман Овчинниковлмæ уыдон хуыдтой æхсæвыгон атахтыты дæснытæ. Иууыл зындæр лæстон хæслæвæрдтæ уыдонæн хæс кодтой. Хъахъхъæнынады Министрады архивы ,ис дивизийы лолити- кон хайады хицау Поповы фехъуеинаг Шаликъо æмæ штурмаи Овчинниковы тыххæй: «1942 азы 20 декабры Козаты Шаликъо æмæ Овчинников Евгени атахтйсты Острогожскы станцы знаджы хæстон æрмæ~ джыты егъау æфтауцдæттæ спырх кæнынмæ. Хæдтæхæг йæ -ны- саны сæрмæ куы бахæццæ, уæд æй немыцæгтæ ауыдтой. Сара>з- той йæм цыппар хъомысджын рухсгæнæны æмæ йæ æхсын рай- дыдтай зенитон сармадзантæ æмæ нæмыгзгъалтæй. Шаликъо арæхстджынæй ракодта йæ хæдтæхæг цæхæры зонæйæ æмæ йæхи атыдта рухсгæнæнты улæнтæй. Уый афæнд кодта маторы хуыст æруромын æмæ <иннæрдыгæй æрбатæхьш. Æмæ йыи æн- тысгæ дæр бакодта. Чысыл хæдтæхæг февзæрд æфсæнвæндагон станцы сæрмæ. Сырхыстъалыджын цæргæсы немыцæгтæ æнæн- хъæлæджы сæ сæрмæ куы ауыдтой, уæд фергъуыйау сты. Хæц- цæ æхст ма райдыдтой, фæлæ сьш байрæджы. Евгени Овчинни- ков комкоммæ нысаныл æппæрста бомбæтæ. Сæ «уаргъæй» куы фервæзтысты, уæд Козайы фырт фæстæмæ фездæхта йæ ьчжмæгæс хæдтæхæг æмæ, знаджы сармадзанты æмæхстæй йæ- хи арæхстджынæй ирвæзын кæнгæйæ, фæраст нæхионтæм. Рухсгæнæ-нты тынтæ ныдздзæгъæл сты сæ алыварс. Стапцыл та ирвæзт пиллон арт». Уый хæдуæлвæд та сæм фæсидт полчы командир, Сове- тон Цæдисы Хъайтар дæлбулкъон Летучи æмæ сын бамбарын кодта армийыл командæгæнæджы хæслæвæрд. Тагъд рæста^ джы хъуыд.знаджы фæсчъылдым нæ танкæйои корпус ссарын æмæ уымæн йæ уавæр базонын. Ирон цæргæс та ам дæр равдыста йе стыр хъæбатырдзинад æмæ арæхстдзинад. Знаг сæ зонгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй йæ сæрты ахызтысты йæ хæстон хæлар Овчинниковимæ æмæ 427
уæззау уавæрты æрбадын кодта пæ хæдтæхæг ’ цады уæлæ ихыл. Танкисттæ ма сыл дис Дæр кодтой. Уыцы сгуыхтдзикады тыххæй Шаликъо æмæ Овчиннико.з уæлдæфон армийы æппæты фыцдаг хорзæхджын æрцыдысты «Фыдыбæстæйон хæсты фьщцаг къæпхæны» орденæй. 1943 азы 17 январь. Дыууæ хæстон цæргæсмæ та фæсидг полчы командир. Сæххæст кæнын хъуыд Воронежы фронты æфсæддон Советы ахсджиаг æмæ иттæг зыи хæс — Æртыккаг танкæйоп корпусимæ бастдзинад саразын.< Уыцы ,кор:пус уыд зпæгты фæсчъылдым.. Цалдæр минуты фæстæ Шаликъойы хæдтæхæг йæхи «систа уæлдæфмæ æмæ йæ ных сарæзта ныгуылæны ’рдæм. Фæлтæрд тæхæджы бирæ нæ бахъуыд тапкистты ссарынæн. Шаликъо та ацы хатт дæр æвадат ран иттæг хорз æрбадын кодта йæ чысыл цæргæсы. Радта пакет корпусы командирмæ, базыдта уымæн йæ фæндон, йæ пълантæ æмæ та ио^гæй февзæрд уæл- дæфы. Бынæй — Россошы быдыртæ, нырма — фашисттыкъухтьк Æдаедæры тыххæй Козайы фырт йæ хæдтæхæг фæзылдта цæу- гæдон Сау Калитвæйы ’рдæм. Разæй — хъæд, дарддæр — Дон„ уым та — махуæттæ. Фæлæ æвигипайды зенитон сармадзанты æмнæрд. Хæдтаг хæг ныррызти, ныхъхъæрзыдта æмæ бакымæг йæ зæрдæйы куьгст. Арты пиллон ар,в ныррухс кодта. Цы чындæуа? Хъæ- уы æрбадын æмæ лæгхор фашисттæй æнæмæнг аирвæзын, тан- кæйон армийы командиры уынаффæ æмæ пълæнтты тыххæп æфсæддон Советæн фехъусын кæнын. Фæлæ хæдтæхæг нал кæсы арæхстджын къухты коммæ. Галиу къах дыдагъæй аз- зад, рахиз дæр — цæф. Æрбамбырд кодта Шаликъо йæ фæс- таг тыхтæ, чысыл ма, æмæ «чизоны» хъæдæн фæфалийæ уой. Фæлæ хæдтæхæг, пæф цæргæсау, зæххыл йæхи æрцавта. Ов- чинников фæцырд, баххуыс кодта йæ командирæн ^кабинæйа^ рахизынæн. Сæ алыварс немыцæгтæ, лæбурынц сабм. Зонынц æй, аирвæзæн сын нæй. Фæлæ æнæмæнг хъæуы бардзырд сæх- хæст кæнын. «Бардзырд дын дæттын, — загъта Шал;икъо Овчиннико- вæи, — мæн ныууадз æмæ сæххæст кæн нæ хæслæвæрд. Æн- хъæлмæ кæсынц!» Уымæй размæ «бардзырд дын дæттын» имкуы фехъуыста Евгени йæ командирæй. Фæлæ ныр афтæ хъуыд. Уымæн æмæ йæхæдæг дæр фæтыхст. Ахъуыды кодта: йæ командирæн бах- хуыс кæна, æви бардзы.рд сæххæст кæна. Зын ын уыд йæ уар- зон хæстон æмбалы ахæм тыхст уавæры ныууадзын. Фæла^ æндæр гæнæн нæ уыд. Бардзырдыл баст уыдысты сæдæгай æмæ мингай хæстонты хъысмæттæ. 428
Æмæ фæраст Овчинников. Арф хъæзы æмæ уæрагмæ миты йæхи аппæрста дадæн иннæ фарсмæ. Уæлæ фашисттæ февзæрдысты ирон бæгъатыры уæлхъус. Лæууæн нæй, къæхтæ йæхи нал ’сты. Йе ’нцой — хæдтæхæг, йё ’ргбм — знаджы ’рдæм. Йæ къухы — пистолет. Цалдæр фашис- ты,' æмбыд кæлдымау, æрфæлдæхтысты. Фæлæ уæнгты тых асаст, фесты нæмгуытæ дæр. Иунæг <ма дзы ныууагъта, йæхи- цæн. Афтæ хуыздæр у. Удæгасæй мæхи нæ ратдзынæн. Æмæ анæрыд фæстаг æхст. Банымæг Шаликъойы цæхæр зæрдæ, Йæ фæстаг хъæр ма уыдис: «Женя, мæ хæлар, згъор цырд- дæр! Хæрзбон!». Фæлæ йæ командиры фæстаг дзырдта* Овчинпи.ков нал фехъуыста. Хъæз, арф мит. Йæ фæдыл — немыц, суагътой лæ- джы фыдæй хаст куыйты. Базыдта йæ адзал. йæ хъуыдыйы З’ыд æрмæст ахсджиаг гæххæтт скуынæг кæнын’. Хъуамæ сæ^м ма бахауа. Фæсвæд æй’арф М1иты атъыста. Куыйты знæт рæйд хъуысы æввахсæй. Стæй хæдæхсы къæркъæр, æмæ ницыуал базыдта. Уый фæстæ — уацар, бирæ фыдæбæттæ, хъизæмары мæлæт... Цы хæслæвæрд сæххæст кодтой дыууæ цæргæсы, уый фæр- цы саразгæ хæстон операцийы фæстиуæгæн та знаджы салдæт- тæ æмæ офицертæй мард æрцыдис æмæ уацары ракоргд æрцыд 16 мин адæймаджы бæрц. Уымæй чысыл фæстæдæр махонтæ ссæрибар кодтой Рос- сошы. Шал<икъойы мард ссардтой йæ хæстон æмбæлттæ горæт- .мæ хæстæг иу чысыл хъæуы цур. йæ хæдтæхæгау, йæхæдæг дæр уыд æрдæгсыгъдтытæ. Баныгæдтой йæ цытимæ Россошы сæйраг парчы, стыр Ленины цырты фарсмæ. 1950 азы хасг æмæ ныгæд æрцыд горæты астæу, æфсымæрон (ингæны, .цыран æнцойад кæнынц 3600 советон салдат æмæ афицеры. Уыдонимæ Ооветон Цæдисы Хъайтар, булкъон Алексеев дæр. Козаты Шаликъо æмæ штурмап Овчинииковы амæлæты >æдфæстæ Дыккаг уæлдæфон армийы штабы фыстæджы дзыр- дæуыд: «1943 азы 17 январы, иууыл ахсджиагдæр хæстон хæслæ- вæрд æххæст кæнгæйæ, хъæбатырдзинад æмæ лæджыхъæд кæй равдыстой, уый тыххæй хорзæхтæ райсынмæ бавдыст цæ- уьшц: 1. 646 авиацион полчы тæхæг, кæстæр лейтенант Козаты Шаликъо Уасилы фырт — Советон Цæдисы Хъайтары ном райсынмæ (йæ амæлæты фæстæ). 2. 646 авиацион полчы æхсæг — бомбæтæкалæг, кæстæр лейтенант О’вчинников Евгени Василы фырт — Советон Цæди- сы Хъайтары ном райсынмæ (йæ а-мæлæты фæстæ). Ахæм уыдис хъæбатыр гуырды хæстои фæндаг. Фæцыдис ирон бæгьатыр. тыхæвзары тохмæ. Цыд фæцис 429
фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл. Фæлæ хъысмæты бар йæхи нæ бакодта. Иæ ном сыстад ингæнæй æмæ зилы хæхты, бацыд зарæгмæ æмæ зæлланг кæны Ирыстоны. Махæн — зарæг, тох- мæсидæг, куыд мæлын ’ хъæуы, уый амонæг. Мадæн та -^ хъарæг ,æнусон сагъæс, æмпылд уадултыл — уазал цæссыг. Мæнæ та лæууы фатеры астæу. йæ разы æртæ сынтæджы. Къултæй йæм кæсынц æхсæз цардбæллон цæсты. Дзуры, ньг хас кæны семæ. Фæлæ уыдон дзуапн нæ дæттынц. Афтæ уыд сæ конд, сæ ахуыр. Уæлдай дзырд нæ уарзтой. Цы арæзтой, уый æнæдзургæйæ. Ныр дæр та афтæ. Мад та сæм мæсты кæны. Уæддæр ныййа- рæджы зæрдæ. Бакодта сын сæ уæттæ. Батыхта еæ райсомæй. Æмæ афтæ æрвылизæр, æрвылрайсом. Хистæрæй, Шаликъойæ, йæ зæрдæ байрад. Нæ йæ ферох кодта. 23 азы фæстæ «фембæлд» йемæ. Æрлæууыд йæ ингæны уæлхъус. Йæ цæссыгæй йын æнæвгъау бахай кодта. Йæ фыды зæххы сыджытæй йыл армыдзаг æркалдта. Ныр уымæ нал æх- сайы йæ зæрдæ. Роосош — йæ фæстаг тохы быдыр, йæ уæл- мæрд. Адæмы зæрдæ — йе ’нусон ингæн. Йæ мæт дыууæ кæстæрыл у мадæн — Федыр æмæ Чесла- выл. Æнахъомæй ацыдысты хæстмæ. Йæ дзырд фыддæр уы- донимæ вæййы. йæ цæстытыл уайынц ноджыдæр дыууæ ин- гæны Уырысы æгæрон быдырты. Æнæном, æнæфыст. Фæлæ уыдон æбæрæг не сты. Сæ иу —Федыры, иннæ —Чеславы. Сæ ном та баззад сæ райгуырæн Ирыстоны. Æмæ цæуьк нæры. Баиу сæ кады зарæг мады æнусон æрхæндæг хъарæ- гимæ æмæ .зæлланг кæны хæхты. Сæ фæндаг — фæцу æмæ æр- цуйы фæндаг Ирыстонæн, мадæн та — фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндаг; Кæддæрау худгæ нæ Иры хæхтыл Уый нал фæлгæсы. Йæ конд ахстонæй фæтахти балцы Æртæ цæргæсы. Зæгъут-ма, уæдæ, цæуыл бахуда, Цæуыл цин кæна! Уырысы зæххыл æбæрæг рæтты — Æртæ ингæны. Уырысы зæххыл сæ туг ныккалди, Цырт сын самадтой. Ирыстоны та сæ н~мы зарæг Æмцæлхъ самыдтой.
Тасойты Баграт ХЪÆБАТЫР ДЕСАНТОН 1920 аз. Цъæх фæздæг бадт Хуссар Ирыстоны кæмтты æмаз юхрæбынты. Цъалагомы фæндæгтæ, хъæды къохтæ æмæ хæ\- ты цъæссытæй хъуыст сывæллæтты кæуын æмæ фосы богъ- богъ. Уыдон уыдысты нæ хъæуты цæрджытæ. Меньшевиктæ сыч сæ хæдзæрттыл арт кæй æндзæрстой, сæ мулк, сæ фос сын кæй истой, уый тыххæй сæ сæр æфснайынмæ лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Меньшевиктæ басыгътой Дзауы районы Мугуты хъæуы цæрæг Козаты Димитры æмæ Лизæйы хæдзар дæр. Уыдон дæр сæ иунæг сабиимæ Зикъарайы сæрты фæцæйлыгъдысты фæс- хохмæ. Фæндагыл сæ баййæфта гвардионты къорд æмæ сæ уаца- ры рацæйкодта Цхинвалмæ, афтæмæй сыл Тамарашены фем- бæлд сæ хæстæг, иу гуырдзиаг лæг, æмæ сæ байста меньше- викты æфхæрдæй. Иу чысыл æмбæхстæй ацардысты Тамарашены, уæдмæ сын райгуырд дыккаг фырт дæр. Схуыдтой йæ Георги. Цы код- таиккой ныййарджытæ, кæдмæ цардаиккой æмбæхстæй, кæдмæ сæ дардтаиккой сæ зонгæтæ? Фæлæ кæдæм фæцæуой? Хæдзар наэй, хæринаг æмæ уæлæдарæс иннæ ахæм. Схæцыдысты æмæ цардагур алыгъдысты Къэхетмæ. А^тит; арм æмæ уйеззау куыстæн нæ бафæрæзта Д^мити æ^æ 1923 азы амард уым. Къахеты дæр афтæ æнцон иæрярн иæ ^ыт æмæ уыцы аз Лизæ йæ сидзæр сывæллæтты Къахетæч æрбакодгя Дзауы райоиы Хуыцъейы хъæумæ. Зын уыд идæдз усæн сы~ 431
вæллæтта> хъомыл кæнЫн* æмæ уый дæр йæ кæстæр фырт Ге- оргийы кæйдæрты æххуысæй радта Тамарашены сывæллæтты хæдзармæ. Афтæ рæзти æмæ хъомыл кодта чысыл Георги. Арæх а*и бæрæг кодта йæ мад Лизæ дæр. Сывæллæтты хæдзары скъоламæ цыди Георги. 7-æм кълас куы фæци, уæд бацыд Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техни- куммæ.1 1940 азы фæуд кюдта цыппæрæм курс. Уыцы аз ацыд æфсады рæ’нхъытæм æмæ бахауд Каспы деиджызон флотмæ. Иттæг райгонд уыд йæ службæйæ. Фæлæ иу афæдз (куыддæр рацыд, афтæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Геор- гийы æрыййæфта Бакуйы. Знаг бьгрста нæ бæстæйы хуылфмæ арфæй-арфдæр. Хъа- выд нæ хъæздыгдзинæдтæ байсынмæ, нæ адæмы оцагъар кæ- нын’Мæ. Æппæт советон адæм растадысты фыдызнаджы ных- мæ тохмæ. Райгуырæн бæстæ уыд тæссаг уавæры. Уыцы рæстæджы Ленинграды цы æфсæддон медицинон ахуыргæнæндон уыд, уый эвакуади æрщыд Бакумæ. Георги дæр цалдæр æмбалимæ уырдæм æрвыст æрцыд ахуыр кæнынмæ. Ахуыргæнæндон фесты. Георгийæн радтой лейтенанты ном æмæ 120 æмбалимæ æрвыст æрцыдысты Цæгат флотмæ. Фыццаг хатт хæсты хайад райста Мурманскы. Стыр тохтæ цы- дис Баренцы денджызы. Уым хъуыд иууыл фидар, æнæниз æмæ æууæнкджындæр денджызонтæ æмæ уыдонæй дæр иу ра- зыад Козаты Георги. Æрдæгсакъадах Рыбачимæ сур зæххыл бацæуæнтæ æр- цахста знаг, фæлæ денджызонтæ æххæст кодтой Сæйрагхистæр- командæкæньшады бардзырд æмæ знаджы нæ бауагътой æр- дæгсакъадахмæ. Иу æхсæвыгон Рьибачийы æрдæгсакъадахмæ ’ввахс порт Педсамойы фæзьгнд махуæтты денджызон десант. Уыдон ’хсæ:! уыд Георги Дæр. Знаг уый æнхъæл нæ уыд æмæ исдугмæ йæхи- мвдæг фæтыхсг, фæлæ уый фæстæ уырдæм æрбакалдта йæ сæй- -раг тыхтæ. Тох сцырын. Фæлæ знагæн размæ ацæуын иу мето дæр нæ ба’нтыст. Нæ денджызон десант знаджы асырдта Финляндийы порттæй. Бахæццæ сты суанг Норвегийы террито- римæ. Уыцы тохты Гёоргл дæр равдыста хъæбатырдзинад. Хор- зæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орден æмæ цалдæр медалæй. Георли хайад райста Я^поны империализмы ’фсады ныд- • дæрæн кæныны дæр. Уым дæр "ын уыд стыр сгуыхтдзинæдтæ. ’ Ныр уый у медицинон службаэйы майор. Хорзæхджын та æр- цыд ’ноджы иу «Сырх Стъалыйы» орденæй, Китайы хицауады дыууæ орденæй, Корейы Адæмон-демократок Республикæйы медалæй. Ныртæккæ Георги у запасы афицер. .
Андиаты Мæхæмæт ХЬÆБАТЫРЫ ФÆНДАГ — ИУ ТОХÆЙ ИННÆМÆ Уалдзæг, афæдзы афонтæн сæ фидауцджындæр. Худы æрдз æмæ рæвдауы цæстæнгас, ныфсмæ æфтауы ныфс. Цин кæнынц сабитæ. Æрмæстдæр æнахъом сабитæ. Уыдон (нæма ’мбарынц, нæ хатынц, сæ бабатæ, æфсымæртæ» хотæ цавæр бал- цы сты, уый. Не ’нкъарынц, цы у хæст. Уалдзæг. Худы æрдз. Фæлæ не ’сты хъæлдзæг хистæртæ: сау знаджы ныхмæ карз тох нырм’а йæ цыренæй у, йæ тæккæ карзæй. Æрыгон мад йæ дыууæ сывæллоны арвыста скъоламæ. Æфс- найдта хæдзар æмæ пецы дзыхмæ æрбадт ныллæг бандоныл. Йæ разы кæстæр лæппу къæцæл амадта йæ фыды кардæй. Мад æм фæдзырдта. йæ хъæбысы йæ ’рбакодта. Зæрдæ ’хсайдта кæдæмдæр. Цæстытыл ауадысты ивгъуыд бонтæ. Куыд амо;нд- джын уыдис бинонты къорд дыууæ азы размæ! Йæхицæн дзу- ры: «Ныр та? Кæм ис уæ дарæг, уæ фыд? Æрхъæцмæ уыл чи нæ хъæцыд, уæ цинæй куысты фæллад <чи нæ зыдта... Цы ран ис? кæд, .мыййаг»... — дзурыйæхинымæры мад сывæллоныхæм- пæл сæр йæ русмæ сбыцæу кæнгæйæ. Чи зоны, кæуылты ма анывæстаиккой мады сагъъæстæ, цы хъуыдытæ М1а æрцыдаид йæ сæрмæ, гом рудзынгæй йæ зæронд лæджы хъæлæс куы ;нæ бахъыгдардтаид, уæд. — Ирæ, мæ хур, дæ райсом хорз. Хæстон къамисариатмæ Дæм дзурынц... Цæй охыл, уымæй афæрсын дæр йæ бон нал ссис Ирæйæа. Ныссæххæтт кодта зæрдæ. Уæнгты хъару цыдæр фæци. Буар 28* 433
æгасæй дæр æмризæджы ныррызт. Бадгæйæ баззад. Сывгеллон мадмæ джихæй каста. Фæрасти Ирæ æфсæддон «къамисариатмæ. Цæуы... Цавæр зæрдæйы уагимæ, уый знагæн дæр, æвæццæгæн, никæйы бафæнд- дзæн. Цæуы, фæлæ йæ <къæхтæ размæ нæ хæссынц. Цал æмæ цал хатты æрлæууыд, цал æмæ цал хатты афарста йæхи, фæлаз дзуапп нæ ары. «Кæмæ бадзурон? Чи æрбалæууа мæ фарсмæ?»... Ничи зыны уынджы. Цæссыг фемæхсы. «Куыд схизон ацы асин- тыл? Цы мын фехъусын кæндзысты?». Æрлæууыд Ирæ æфсæддон къамисары уæлхъус. Капитан сыстад. Салам радтынæй дарддæ-р ницы хауы йæ дзыхæй. — Хъусын дæм, — сдзырдта фæстагмæ Ирæ æмæ къамиса- ры цæстытæм комкоммæ ныккаст. Капитан стъолы разæй дыу- уæ санчъехы иуфарс куыд ракодта, афтæ дуар æваст фегом. Цыма йæ исчи схойгæ ’рбакодта, уыйау æрбазгъордта Прæйы ходыгъд Заретæ. Уый йæ цæсгомыл æрбаскъæфта уалдз^джы цинад. Ныррайдзаст, ныррухс къамисары кабинет... — Æмбал капитан, бахатыр кæн, — худы Заретæ. Ме ’фсы- мæрæй... — Мæ хистæр æфсымæр Кудзийæ хабар, мæнæ фыссы госпиталæй, — æмæ писмо фелвæста йæ ронæй, радта йæ капитанмæ. Ирæйы тарст уадултыл æргæргæр кодтой цæс- сыгтæ. Капитан писмо куы акасти, уæд афтæ: — Æз та ма дæм, Ирæ, бадзырдтон... Зæгъын бафæрсоч дæ, Къудзи фыссы æви нæ. Нал схъæр кодта, дыууæ боны размæ лейтенант Кодзыр- ты Хадзысмелы тыххæй. (Кудз-и йæ мады ном) сау гæххæт кæй райста, уый. Нал базыдта Ирæ, ахæм æвирхъау хабар æф- сæддон хайæ сæхимæ дæр кæй ссыд, æмæ йæ Хадзысмелы фы- ды ’фсымæр Дзантемыр йæ дзыппы æмбæхстæй кæй хæссы, уый дæр. Бырсы, лæгæрды фыдызнаг, Бырсы æмæ мæлæт æрхæн- дæг тауы нæ горæттæ æмæ хъæутыл. Судзы, пиллон калы рай- гуырæн зæхх. Æстæм мæй 216-æм фистæг дивизийы полктæ æмæ батальонтæ хъазуат тох кæнынц питл^ерон цагъархæсджы- тимæ. Инæлар Пламеневскийы дивизийы ныхмæ — æртæ ахæм тыхы. Лæгæрдынц гитлеронтæ. Фæлæ ам, Новороссийскы бын- мæ, дзæвгар афæстиат сты. Станицæ Крымскаямæ хæстæг фидар ныггæнды бадынц батальоны командир майор Мирошников æмæ пулеметчикты ро- тæйы командир лейтенант Кодзырты Хадзысмел. Бадынц æмæ фрлгæсынц хæсты быдырыл. — Ацы мигъ йæ хæрзгæнæг у зиагæн, — дзуры майор. — 434
0у взвод арвыстон размæ. Дыууæ пулеметы сын уæддæр куы радтис, Хаджимен. — Æртæ дæр. Кæд хъæуы уæд, — фæрæвдз и лейтенант. — Дыууæ æгъгъæд уыдзæн. — Хадзысмелы уæхскыл йæ ктъух æрæвæрдта майор. — Цалынмæ Шапшуген райсой, уæдмæ уал сæ æрцæгъдæм... — Æмæ йæ райсдзысты? — Æвæццæгæн, — бынозæй ныуулæфыд, лейтенантæн йæ- хи æнгæстæ, къæсхуыр, фæлæ æрыгондæр майор. — Куы дын дзырдтон, æмбал майор, — рамæсты Хадзы- смел. —Ам, хæстæг, уæртæ Туннельныйы фæмард мæ кæстæр æфсымæр, Зæкæря, Разведкæйы уыдис, афтæмæй. Мæ удæга- сæй -нæ акъоппыты сæрты иу фашист дæр нæ ахиздзæн! — Гъе, гъе! Хаджимен, махмæ иу æртах дæр уæлдай туг нæй.. Фæлæ инæлар куыд зæгъы, афтæмæй иу санчъех дæр фæстæмæ æнæ бардзырдæй нæ акæндзыстæм. Ныр та уавæр афтæ у, æмæ ма ноджыдæр иу батальон æрæвæрдтой нæ раз- мæ. Сæ артиллеримæ дæр бафтыди... Зымæгон бон дыууæ изæры астæу ныббырста знаг. Дыууæ бонмæ — фæндзæм фæлтæрæн. Арв æм.æ зæхх баиу кодта фæздæг, салд зæхх фæрчытæй хауы. Тæнæг зæрст мит æмæ та æлыг мæр сырх-хъулон адардтой. Марадз æмæ базон, баны- май, иуырдыгæй æмæ иннæрдыгæй сæ рæзгæ царды зынг кæ- мæн ахуыссыд, уыцы салдæттæ æмæ афицерты. Знаджы ахæм тыхтæ, знаджы уый бæрц æфсæдтæ! Нымæц дæр сын не ’ссардтаис, нымæц. Дыууæ сахатæй фылдæр ахаста тугкалæн тох. Инæлар Пламеневский радта бардзырд: «Æвæстиатæй до- ны фаллаг фарсмæ!» Бардзырд. Фæлæ йæ лейтенант Хадзысмел нæ фехъуыста: нал кусы йæ телефон. Цæрдæг ацархайдтой лæппутæ... йæ нысанмæ сæ ничи бахæццæ. Знаг афтæ æрбахæстæг, æмæ-иу акъоппæй чи сгæпп ласта, уый-иу æваст æрхауд. Полктæ æрбынат кодтой доны фаллаг фарс, лейтенант Ко~ дзыры фырт æмæ та йæ хъæбатыр пулеметчиктæ кæнынц хъаз- уат тох. Æхсæвы арвыста разведкæ. Срæвдз ис бастдзинад, фæлæ кæимæ?.. Иу ротæ, иу взвод дæр хæстæг нал. Æрмæст развед- кæ хабар æрбахаста сæ полчы командир булкъон Апостоловæй: «Цæвут фæстаг гилдзы онг. Æнхъæлмæ нæм кæсут». Знаджы æхсæз атакæйы тугæрхæмттимæ ассæста лейтенант Кодзырты Хадзысмелы ротæ. Æртыккаг бон райсомæй Хадзысмел фæдзæхста дыууæ сал- Датæн... Иннæтæ... Сæ иутæ æнустæм æрæхгæдтой сæ цæхæр Цæстытæ, иннæтæ цæфтæй, бæстытæй хуыссыдысты акъоппыты. Дыууæ æфсæддонæн сæ командир дзуры: 435
— Акъоппытæ ныууадзыны тыххæй нæй бардзырд. Тох — уæд тох! Уый хорз, фæлæ куыд? Æртæ йедтæмæ нал стæм. Иу танк дæр нæ æрæссæоддзæн. Гранаттæ та ма нæм !ис... фондз басты... Нæ, иу танчы, дыууæ-æртæ танчы бон ницы бауыдзæн, фæлæ фылдæр куы уой... Æрцаразæм пулеметтæ иууылдæр. Сифтындзæм сæ. Куы ’рбабыроой, уæд дæллаг æртæ пулеметы дæ бæрны, Балдабаев, уæллæгтæй æхсдзынæ ды, Юсуф. Згъор- дзыстут пулеметæй пулеметмæ. Астæуккæгты та мæ бар уадзут. Фриц æнхъæл. уыдзæн, ротæ йæ бынаты >ис æмæ хаэстхъом у, зæгъгæ. Уæдмæ кæд нæхионтæ зыниккой. Юсуф Шкильдин æмæ Девлет Балдабаев кæрæдзммæ ба- кастысты. Бæрæг уыд, стыр ныфс ое ’уæнгты Кæй бацыд. — Ныр барæвдз кæнут пулеметтæ, — загъта ма лейтенант æмæ фæрасти, хæстæгдæр æм цы «Максим» уыдис, уымæ. — Хорз ма хъуыды ка&нын,— дзырдта Хадзысмел, æрæ- джы йæ фæрныг хæдзары хæсты хабæрттæ нæ зæрдыл куы ’рлæууын кодтам, уæд,—знаджы дыууæ ныббырсты, æртæйæ сæ фараст пулеметæй дæрæн кодтам, афтæмæй ферхæцыдысты. Уый фæстæ сармадзантæ ахæм калд ныккодтой, æмæ нæ пуле- меттæ схъисгай ныйисты. Уый дæр ма гъа, фæлæ акъопоыта? дæр акъоппыты хуызæн >нал уыдысты. Æз ма уыдтон, салд зæхх мæ алыварс сгыр къæйтæй куыд хаудта, стæй мæ фарс æмæ мæ зæнг фæцæф сты, куыд фæзылдтæн, афтæ мæ сæрыл уыцы уæззау къæйтæй иу æрхауд. Цы фæдæн, уый нал бам- бæрстон. Æрмæст ма, цас рацыдаид, нæ зонын, уæд мæ хъус- тыл «ур-ра» ауади. ...Госпитал. Хирургты кæрдтæ, Судаинтæ. Хи æмæ иняæ цæф адæмы хъæрзын. Уыцы хæсты, 1942 азыдекабры фæстаг бонты, Новороссиис- кы бынмæ лейтенант Кодзырты Хадзысмел мæлæтмæ барвыста 130 фашисты. Чи зоны, цæй бæрц у, йæ ротæ кæй ныццагъта, уыцы гитлеронты нымæц. Хъæбатырдзидад, нæртон лæгдэинады хабар айхъуысти полкæй полкмæ, дивизпйæ дивизимæ... Полкæр^ 1943 азы райдайæны писмо ссыд Хадзысмелы райгуырæн хъæу — Елхот- мæ, партийы Кировы райкоммæ. Булкъон Апостолов арфæ код- та Хадзысмелы мад æмæ фыдæн, хъæубæстæн, партийы рай- комæн, Райгуырæн бæстæйыл ^ахæм иузæрдион фырт, хъæба- тыр патриот кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Æфсæддон га- зеттæ фыстой Хадзысмелы сгуыхтдзинады тыххæй. Фæстæдæр дивизийы командиры хъустыл æрцыд маанг хабар, лейтенант Кодзыры фырт госпиталмæ фæндагыл поезды амард, зæгъгæ. Хадзысмел госпиталæй нал æрбаздæхт йæхи полкмæ, йæ- хи дивизимæ: хæцыдис æндæр æфсæддон хæйтты суанг кæрон- мæ, уæддæр пулеметчикты ротæйы командирæй. Йæ риуыл æрт- тывтой цыппар хæрзиуæджы, афтæмæй хæсты фæстæ Пруссийæ æрбаздæхт йæ райгуырæн хъæумæ гвардийы хистæр лейтенант 436
Кодзырты Хадзысмел. Гъе, фæлæ цы æрдхæрæны хъæбатырдзи- иады кой ракодтам, уымæн ыл йæ хорзæхы х,ай абоны онг дæр цаема сæмбæлд. Ацы листовкæ Хадзысмелы къухы бафтыд, хæст кæронмæ куы фæцæй-хæццæ кодта, уæд. Арвыстой йæм æй инæлар Пла- м’еневский æмæ дивизийы политхайады сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг майор Климов. Листовкæйы чъылдымыл уыдон фыссынц: Кодзырты Хаджимен (афтæ йæ хуыдтой фронты), дæ хæстон сгуыхтдзинæдтæй сæрыстыр сты нæ дивизийы æфсæддон- тæ, кома’ндиртæ æмæ политикон кусджытæ. Нæ зæрдæ дын зæ- Гъы ног уæлахисдзинæдтæ, фылдæр кæн, дæхм къухæй цагъд гитлеронты нымæц. Афтæмæй тагъддæр æрбахæстæг кæндзыс- тæм Уæлахизы бон». Кодзырты Дзантемыр æмæ Салицка Фыдыбæстæ цыфыд- дæр знагæй бахъахъхъæнынмæ 1941 азы фæндараст загътой сæ цыпиар фыртæн: сæ иуæй-иннæ сæрæндæр, сæ иуæй-иннæ саг- дæр гуырд. Кæстæр — Зæкæря, нал сыздæхт хæсты быдырæй. Æртæ хистæры: гвардийы хистæр лейтенант Хадзысмел, гвар- дийы капитан Измаил æмæ хистæр сержант Хадзыбатыр абон цæрынц æмæ æнæзæрдæхудт фæллой кæнынц сæ райгуырæн хъæу Елхоты. Кад æмæ сын рад ис хъæубæсты æхсæн, нымад сты сæ куысты. — Цард та тох кæм нæу, ■—за^гъы Хадзысмел. — Æмæ мæ фæндаг дæр у тохæй тохмæ. Абон æз тох кæнын бæркадыл æмæ дзы дæн райгонд, зæрдæрухс. Æртæ фырты æмæ дыууæ чызджы ракодтой Хадзысмел æмæ Ирæ царды стыр фæндагмæ. Æвдæр амонд, æндæр хорздзинадмæ нæ бæллыдысты сæ иотæн Дзантемыр æмæ Салицка. # * * Арвыл ма стъалытæ тыбар-тыбур фæкæнынц, хъæу ма æн- Цад-азнцойæ вæййы фынæй, уæд кæройнаг уынджы цæхгæрмæ йэе кусæн дарæсы цырд къахдзæфтæй фæраст вæййы тæнтъи- хæг, мыдхуыз лæг. йæ фезмæлд, йæ фадыварцмæ гæсгæ йын йэртындæс æмæ’дыууиссæдз азы кар ничи ратдзæн. Тындзы, т^гъд кæны колхоз («Кавказы» механик хъомвосы фермæмæ. Вон æрбарухсмæ хъуамæ сæдæгай килограммтæ кæнгæ ’хсыр сфыца родтæн.; 437
Пухаты Пъетре «АЛЕКСАНДР НЕВСКИЙЫ» ОРДЕНЫ КАВАЛЕР 1941 аз. 10 июнь. Нæмыгзгъалæн ахуыргæнæндоны хистæр, полчы æмæ дивизийы командæкæнынады м.инæвæрттæ, лæу- уынц ахуыргæнæндоны курсантты рæнхъы раз. Полчы коман- дир кæсы бардзырд ахуыргæнæндоны чи фæцис, уыдон тыххаы Æрхæццæ Кокойы фыртмæ дæр. — Хусссар Ирьгстоны минæвар, Кокойты Егнаты фырт Гри- гол, хорз кæй ахуыр кодта» æнтыстытæ йын кæй уыд, уый тых- хæй йын лæвæрд æрцыд хистæр лейтенаиты ном æмæ нысан æрцыд æхсæг ротæйы командирæй. Бæрцæй дыууæ къуырийы дæр нæма рацыд, афтæмæй Гри- голы æрыййæфта хæст. Кокойы фырты арвыстой æхсæзмæйон курсытæм. Культу- рон æмæ тактикон æгъдауæй цæттæдæр афицер, каст фæцис ацы курсытæ дæр, æмæ афтæмæй ацыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цæхæрьт тæккæ гуылфæнмæ. Ам уый нысан æрцыд æр- тыккаг армийы 438 æхсæг полчы фыццаг батальоны коман- дирæй. 40 æхсæг корпусы 129 æхсæг дивизийы командир-инæлар Панчук Кокойы фырты схбрзæхджын кæныны тыххæй 1944 азы 5 майы фыста: «Хистæр лейтенант Кокойы фырт у полчы културондæр æмæ тактиксн æгъдауæй ахуырдæр афицертæй иу, ис ын стыр кад. йæ батальоны раз цыдæриддæр хæстон хæстæ æвæрд уыд, уыдон цæсгомджынæй æххæст æрцыдысты Кокойы фырты сæргълæудæй. 438
1у44 лзы 24-æм февралы батальонæн лæвæрд æрцыдис стыр Консилийы хъæуы хурныгуылæны ,'рдыгæй 145,4 бæрзæнд ба- цахсыны хæс. Ацы ран знаджы хъахъхъæдад тынг фидар уыд æ.мæ дзы бирæ кæй уыд зынгон фæрæзтæ, уымæ æнæкæсгæ- пæ Кокойы фырт йæ хæс сæххæст кодта æмæ йæ батальон уайтагъд бацахста знаджы хъахъхъæдад, знæгты атардта сæ фыццаг траншейтæй æмæ уыдон хъахъхъæдады хуылфы арфдæр цæугæйæ, стыр цæфтæ кодта ныхмæлæууæджы тыхтæн. Батальоны знаджы салдæттæ æмæ афицертæй скуынæг код- той 250 бæрц, æрыппæрстой иу хæдтæхæг, ныцъцъæл кодтой хæдцæугæ сармадзан, байстой сæ 8 къухын æмæ 2 та станкон нæмыгзгъалæнтæ. Уыцы боны дæргъы немыцæгтæ хсæз хатты ралæбурдтой сæ ныхмæ. Чи сæ хъахъхъæдта, уыцы бомбæзгъалджытæ æп- пьгнл>дзухæй бомбатæ згъæлстой нæ фистæг æфсæддонтыл. Ца- лынмæ батальоны сыхæгтæ рахиз æмæ галиуæрдыгæй нæма бацахстой ныхмæлæууæджы траншейтæ, уæдмæ иыхмæлæууæг дыууæ хатты ’рбалæбурдта фæрсырдыгæй æмæ 4 хатты та —ра- зæй 10 танк æмæ хæдтулгæ сармадзаны æххуысæй, фæлæ уæддæр батальон фæстæмæ нæ алæууыд, цы зæхх байста, уый нал суагъ- та. Æмбал Кокойы фырт раздæр фæцæф, фæлæ йæ батальоныл командæкæнын нæ ныууагъта, цалынмæ йын полчы командир бардзырд радта, уæдмæ». Ахæм аргъ скодта сæ дивизийы командир инæлар-майор Панчук не ’мбæстаг Кокойты Егнаты фырт Григолæн æмæ йæ схорзæхджын кодта «Сырх тырысайы». орденæй. Уый уыд 1944 азы 15 майы. Кокойы фырт райста йæ фыццаг хорзæх. Фæлæ йæ госпиталы куы сдзæбæх кодтой, уæд та фæстæмæ ацыд тох- ты цæхæрмæ... ...Ныллæггомау, мызыхъгонд, саухил, зына нæ зына сау- лагъз лæппу, йæ планшет æрбазылдта размæ, сласта топогра- фион картæ æмæ йæм кæстытæ кæны, стæй ахъæр кодта æмæ уайтагъд ротæйы командиртæ февзæрдысты йæ уæлхъус. Уыи сын загъта: — Улæфыны рæстæг нал ис> мах стæм Польшæйы зæххыл. Нæ акомкоммæ ис Белосток. Уый у егъау горæт æмæ дзы немыцæгтæн ис бирæ тыхтæ. йæ сисын, йе ссæрибар кæнын ха- уы не ’фсадмæ, фæлæ уый ссæрибар кæнын афтæ ’нцон нæ ра- уайдзæн. Фæтыхджындæр хъæуы хæстонты хсæн политмассон куыст, бамбарын кæнын сын хъæуы ’сæ хæстæ. Батальон феггуырста размæ. Цæуынц уыцы иу балцæй «уæ- лæнгай тохтæ» кæнгæйæ. Бон у æгуыппæг— хур бæстæ арауы. Август фæуынмæ хъавы, фæлæ нырма хуымтæ кæмдæрты æнæ карстæй лæууынц. Хуьшты мидæг цъой, нæзы хъæдау, фæцыд хæрдмæ, æгуып;пæг лæууынц æрмæрины дæ«ргъæн бур-бурид æфсиртæ. Хъæугæрон, хъугомы, уæлæнгай адаг — æмбисонды 439
тохы бынат. Кокойы фырт йе ’фсадимæ фæцагайдтой цъойы хуьгм ты мидæг быргæ-быргæ æмæ ахъуызыдысты хъугомы лæнкыл ныхмæлæууæджы иувæрсты. Немыц æд гæрзтæ цæттæйæ лæу- уынц æмæ æнхъæлмæ кæсынц, кæд сæ,м æрбахæццæ уыдзысты уыцырдыгæй не ’фсæдтæ æмæ сæ фашисттæ æвиппайды кæд ацахсдзысты. Чысыл-ма æмæ Кокойы фырт æд батальон фев- зæрд сæ фæстæ, фелвæста йæ ливор, азæлыд хъæр: — Тохмæ! Батальон, автоматтæ æмæ нæмыгзгъалæнтæй æхсгæ, Григо- лы фæдыл фашистты ’хсæй февзæрд фæсчъылдымæрдыгæй. Знæгтæ фæтыхстысты æмæ лидзынмæ фесты. Ацы цау æмбисондæн фæхаста цыппорæм æхсæг корпусы командир инæлар-майор Кузнецов æмæ .æртыккаг армийы ко- мандæкæнынадмæ фыста: «...Тохæн разамынд кæнынмæ иттæг хорз кæй арæхсы, уый капитан Кокойы фырт равдыста Копианны хъæуæй Хурыскæсæ- ны ’рдæм сосæ æмæ æфсæнвæндаг байсыны сæрыл тохы рæстæ- джы дæр. Ам уый йæхи сæрмагонд цæвиттонæй йæ хæстонты разæнгард кодта знаджы дыууæ контратакæйы фæстæмæ агапа- рынмæ, стæй знаджы галиувæрсты ахизгæйæ, Кокойы фырты батальон æппæты фыццаг ахызт æфсæнвæндагыл æмæ уырды- гæй ифтонг кодта нæ иннæ æфсæдты размæбырст». Кузнецов йæ фыстæджы кæрон Армийы командæкæнынадæй курæг уыд, цæмæй Кокойы фырты »схорзæхджын кодтаиккой «Богдан Хмел- ницкийы» Ш-аг къæпхæны орденæй. Æртыккаг Армийы æфсæдты хомандæгæнæг гвардийы инæ- лар булкъон Горбатов æ-мæ 3-аг армийы ’фсæддон советы уæнг инæлар-майор Канновæн сæ зæрдæтæ тынг барухс сты капи- тан Кокойты Егнаты фырт Григолы æнтыстытæй æ.мæ йæ схор- зæхджын кодтой «Багдан Хмелницкийы» нæ, фæлæ «Александр Невскийы» орденæй æмæ йын радтой майоры чин. Уый уыд 1944 азы 30 августы. 22 январь. Æр.изæр. Хъызы. Ортельсбург. Кокойы фыртæн хæсгонд у ацы горæт бацахсын. Уый разæй арвьюта фæдагур- джытæ. Иæхæдæг йæ батальоны бахæццæ кодта æмæ йæ ра- вæрдта хæстон фæткыл горæд Ортельсбурджы цæгаттаг кæрæт- ты. 22 январы æхсæвы советон æфсæддон хæйттимæ иумæ æм- цæф фæкодтой знæгты æмæ райсоммæ штурмæй систой горæт Ортельсбурджы. Знæгтыл æрцыд стыр аийæнттæ. Уый тыххæй майор Кокойты Григол хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæйон хæсты» 1-аг къæпхæны орденæй. Кокойы фырт февралы мæйы уæззау цæф фæцис Кенисберг сисыны сæрыл тохты æмæ йæ раластой госпиталмæ горæт Ива- новмæ. Хæст фæцис, уæлахиздзинад æрцыд æмæ Григол æрыз- дæхт æфсады рæнхъытæй.
Пухаты И., Пухаты А. МЕДИЦИНОН СЛУЖБÆЙЫ ДÆЛБУЛКЪОН Бирæ цымыдисаг цаутæ лæууы Кокойты Шалвайы — ном- дзыд æфсæддон дохтыры зæрдыл, фæлæ иууыл тынгдæр æры- мысы йæ сабийон бонтæ, æмæ уæд хъуыдыты базыртыл атæхы йæ райгуырæн хъæу Паткинетмæ. Уым, къуыппыл, йæ цæсты- тыл ауайынц, уæлвонгæвæрд хъæдын хæдзар, стæй кæддæр хæрзæвзонгæй цы дыргъы талатæ ныссагъта, уыдон. Уæдæй нырмæ бирæ азтæ р.ацыдис, бирæ зынтæ, хъыгтæ æмæ цинтæ федта йæ цардвæндагыл. Бирæ хæттыты федта ныййарæг мады судзгæ цæссыгтæ æмæ фæлмæн, уæздан мидбылхудт. Машинæ- йы механизмау, вазыгджын у уыцы цардвæндаг, хæххон къада- йы донвæдау — гакъон-макъон. Шалва царды уæз раджы бан- къардта. Чысыл ма уыдис, афтæмæй йæ дыууæ æфсымæры æмæ йæ хоимæ фыдæй оидзæрæй баззадысты. Сывæллæтты хъо- мыл кæныны бæрндзинад æнæхъæнæйдæр æрхаудта сæ ныййа- рæг мад Маромæ. Æмæ сæ хъомыл кодта, æппæт рыстытæ уромгæйæ, æппæт зындзинæдтæ иуварс кæнгæйæ. Тагъд ын йæ хистæр лæппу Ило æххуысхъом фæцис. Ило фæфиппайдта, йæ кæстæр æфсымæр Шалва ахуыр кæнынмæ рæвдз кæй уыд, уый, æмæ йæхимидæг арф ахъуыды кодта: «цæй, æмæ ’æз хæдзары хъуыддæгты бæрн бацæудзынæн, Шалва та ахуыр кæнæд. Цы мæ бон уа, уымæй йын æххуыс кæндзынæн». Æмæ ахуыр кодта зæрдæргъæвд лæппу, райдианы сæхимæ, стæй та Калачы. Уым 1936 азы каст фæцис астæуккаг скъола агмæ фидарæй аскъуыддзаг кодта йæ ахуыр адарддæр кæнын — 441
дохтыр суæвын. йæ фæндон йæ мад æмæ йæ хистæр æфсымæ- рæн куы загъта, уæд уыдон дæр сразы сты, бацин кодтой. Иу сæрдыгон райсом Шалвайы афæндараст кодтой дард балцы — горæт Махачкаламæ. йемæ ацыдис Ило дæр æмæ ца- лынмæ медицинон инсштутмæ экзаментæ кодта, уæдмæ дзы нал фæхицæн. Студент куы ссис, уæд ын уьтмæй раздæр ничи раарфæ кодта. Уыдис 1942 азы сæрд. Фыдыбæстæйон хæст уыд йæ тæккæ карзыл. Фашистон дивизитæ æввахсæй-æввахсдæр кодтой Ста- линградмæ, Кавказы хохрæбынтæм. Не ’фсæдтæ-иу искæцы го- рæт куы ’Ныууагътой, уæд-иу уый алы советон адæймагæн дæр уыдис, карды цæфау, алкæйы зæрдæ дæр уыдис фронты, тохы цæхæры. Ахæм æнкъарæнтæ уыд Шалвамæ дæр. Куыддæр Дагъестаны медицинон институт каст фæцис, йæ диплом йæ къухмæ райста, афтæ арастис ксмкоммæ фронтмæ, кæрдæггъуыз æфсæддон хызын йе ’ккойыл дзуарæвæрдбаст ба- кодта, .афтæмæй. Сæхимæ, Паткинетмæ фыстæг ныффыста фæн- дагæй, мæт ма кæнут, уæлахизæй уæм æрыздæхдзынæн, зæгъгæ. Кусын райдыдта 337-æм фистæг дивизийы 1127-æм полчы хистæр дохтырæй. Фронты раззаг хаххыл, цæф хæстонты æдас- дæр бынæттæм хæсгæйæ, иудадзыг рæзтис йæ фæлтæрддзинад, хъæздыгдæр кодта йæ миддуне, кодта ныфсхастай-ныфсхастдæр. Нæ хæстонты бахъуыдис рæстæгмæ фæстæмæ алæууын. Æхсызгон вæййы лæгæн йæ райгуырæн къуыммæ æввахсæй-æв- вахсдæр кæнын, фæлæ Шалва цас хæстæгдæр кодта Ирыстон- мæ, уыйас тынгдæр кодта йæ зæрдæйы рыст, тынгдæр æхсысти иæ маст æнæуынон знагмæ. Æмæ хæцгæ-хæдын йе ’фсæддоч хаимæ æрыгон дохтыр æрхæццæ Сау денджызы былгæронмæ. 1943 азы ф^евралы райдианы, Шалва цы полчы служба^ кодта, уый йæхи æрфидар кодта хæххон хъæды зонæйы, хох «Сахарная головка», зæгъгæ уымæн цæгаты ’рдыгæй (Воворос- сискæй 10 километры æддæдæр). Уыцы рæстæджы горæт цемен- ты заводы онг уыдис немыцæгты къухы. Кæд м,ит æмæ .къæвда- тæ арæх уарыдис, уæддæр цыди карз тохтæ. Хæххон уавæрты бæхтæ тынг кæй цагъды кодтой, уымæ гæсгæ фæзын транспор- ты хъуыддаг. Нæ фаг кодтой медикаменттæ, уæлдайдæр та бæттæ’н æрмæджытæ. Æмæ цæф хæстонтæн та æххуыс кæнын хъуыд. Уæлдач зындæр уавæры уыдысгы цæфтæ 1943 азы 20—23 февралы тохты рæстæджы. Нæ иу фистæг дивизийы ныхмæ фашисттæ æрбакалдтой æртæ дивизийы. Ныхмæлæууæг æнæ- рынцойæ æхста нæ раззаг позициты. Куыддæр бон кæны.н рай- дыдта, афтæ сцырын тугкалæн хæст. Полчы медпункттæм лас- той бирæ цæф хæстонты, фæзын ис уыдонæн рæстæгыл меди- цинон <æххуыс бакæныны хъуыддаг. Медпункты нал дæр бинт- тæ баззадис, нал дæр марла. Кокойты Шалва катайы бахауд. Æппынфæстаг, гæнæн куы 442
нæ уал уыдис, уæд сфæрæз кодта 30 гобанæмбæрзæны æмæ сæ ныскъуыдтæ кодта. Фæлæ уыдон дæр кæм сфаг уыдаиккой. Уæд Шалва дыууæ санитаримæ ацыд сыхаг æфсæддон хаймæ æмæ уырдыгæй æр- хастой хостæ æмæ бæттæн æрмæг. Хъуыддаг фæрогдæр. Изæ- ры, тох куы ’рсабыр, уæд полчы командир Кокойы фыртмæ фæсидти, йæ фарсмæ йæ æрбадын кодта æмæ йын æфсæддои хайы уавæр бамбарын кодта. — Æмбал Кокойы фырт, фæстаг тохты нæ хæстонтæй бирæ- тæ фесты уæззау цæфтæ. Æвæетаатæй сын баххуыс кæнын хъæ- уы, — загъта йын командир. — Æз дæр ме ’мбæлттимæ ууыл хъуыды кæнын, зæгъын, акъоппытыл азилæм æмæ уæззау цæфты æдас бынатмæ рахæс- сæм. — Хостæ æмæ бæттæн æрмæгæй куыд рæвдз стут? — Тынг тыхст стæм, фæлæ нын абон сыхаг æфсæддон хай нæ къух ’сарæзта. Денджызон фистæгæфсæддон бригадæйæ дын зæгъын. Куы сын ской кодтон, уæд мæ дзурын дæр нал суагътой. Тохы быдыры, дам, нæ хъыгтæ æмæ нæ цинтæ иуми- аг сты, — дзырдта йын Шалва. Полчы командир æм хæлар цæстæнгасæй бакаст æмæ йып йæ уæхскыл йæ армытъæпæн рæвдаугæ æруагъта, стæй йæ ба- дæнæй сыстад æмæ картæмæ фæкомкоммæ. Æввахсдæр рæстæ- джы цы тугкалæн тохтæ уыдзæн, уый йæ зæрдæ развæлгъау æнкъардта. Шалва дæр чысыл фæстæдæр медсанпунктмæ ацыд, стæй иу дохтыр æмæ цыппар санитаримæ араст стьь боны дæргъы карз тохтæ кæм цыдысты, уырдæм. Хъæдæй куы ахызтысты, уæд быдыры сæ гуыбыны цъæрттыл бырыдысты. Исдугмæ ал- цы дæр уыдис’сабыр, стæй æнæнхъæлæджы æвирхъау гæрæхтæ уæлдæфы анæрыдысты. Ныхмæлæууæг махуæтты позицитæ æйттæй æхсын райдыдта. Кокойы фырт æмæ йе ’мбæлттæн сæ сæртæ уæлæмæ сдарыны фадат дæр нал уыд: сæ фарсмæ минæ- тæ æмæ снарядтæ хæлдысты. Карз тохты фæстæ знаг фæстæмæ æппæрст æрцыдис, тох та чысыл рæстæгмæ æрсабыр. Шалва æмæ йе ’мбæлттæ, сæ гуы- быны цъæрттыл быргæйæ, бахæццæ. сты немыцæгты траншей- тæм. Уыдон уыдысты уæлæнгай къахт, мит æмæ донæй едзаг. Ныр уым гуыбырæй лæууыдысты нæ хæстонтæ. Чидæрид- дæр-иу уæлæмæ сыстад, уый-иу мардæй кæнæ цæфæй æрхауд, афтæ æгъат’ырæй æхстой фашисттæ. Мæрдтæ ранæй-рæтты кæ- рæдзийыл калдæй лæууыдысты. Алырдыгæй хъуыстис цæфгы уæззау хъæрзын. Кокойы фыртæн бацамыдтой хибар ран уæвæг блиндажмæ (раздæр дзы уыдысты иемыцаг афицертæ). Уым уыдис хъарм, чысыл стъолыл сыгъди снаряды гилдзæйарæзт фæтæгены лампæ. Блиндажмæ дохтыртæ æмæ санитартæ хас- той цæфты æмæ сын лæвæрдтой фыццаг медицинон æххуыс, 443
уый фæ<стæ сæ æрвыстой быдырон госпиталмæ. Рынчынгæй-.иу' б’ирæтæ, сæ цæфтæ бабæттыны фæстæ, бузныджы цæстæй ба- кастысты Шалва æмæ йе ’мбæлттæм. Шалвайы зæрдыл арæх æрлæууы, иуахæмы тохы быдыры йе ’мзæххонтыл æнæнхъæлæджы куыд фембæлд, уыцы цау. Уый та уыдис афтæ. Немыцæгты радон атакæ фæстæмæ æп- пæрст куы ’рцыдис, уæд та Кокойы фырт йæ санитартимæ рай- дыдта цæф хæстонты æдасдæр ранмæ хæссын. Иу ран æм акъоп- пæй æрбайхъуыст ирон ныхæстæ: к<Цы фæдæ, лæппу, фесæфтыс- тæм.» Шалва æввахсдæр бацыд æмæ сæм бадзырдта, чи стут, зæгъгæ. Уыдон уыдысты дыууæ ирон лæппулæджы. Сæ туджы мæц- гæ, уæззау хъæрзыдтой. Шалва сын сæ цæфтæ тагъд-тагъд абас- та æмæ сæ радгай йе ’ккойы иу палажæмæ бахаста. Стæй бæх- уæрдæттæ куы ’рбацыдысты, уæд сæ арвитын кодта медиункт- мæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй ирæттæй сæ ,иу уыд аунеуаг, ин- нæ та—Бахъаты хъæуккаг. Уæдæй фæстæмæ сæ Кокойы фырт никуыуал федта. Абоны онг дæр сын сæ хъысмæт .нæ зоны. Шалва æмæ йе ’мбæлттæ уыцы ’хсæв хуыссæджы хъæстæ нæ фесты. Хъуамæ боны цъæхтæм цæфты иууылдæр æдас ран- мæ рахастаиккой, рæстæгыл сын баххуыс кодтаиккой. Райсо- мæй фашисттæ хъуамæ размæ бырсын райдыдтаиккой. Æмæ нæ цæфтæй исчи уым куы баззадаид, уæд бабын уыдаид. Райсомы 5 сахатмæ дохтыр æмæ санитартæ сæ хæс сæх- хæст кодтой, æвæгæсæгæй иу цæф хæстоны дæр нæ «ыууагътой. Рог сулæфыдысты. Уый фæстæ та (райсомы æхсæз (сахатыл) фаши’сттæ, размæ бырсын райдыдтой. Ногæй та карз тохтæ, фы- дæвзарæнтæ, дæсгай цæф хæстонтæ... Уыцы бон æнæнхъæлæ- джы уæззау цæф фæцис сæ полчы командир-дæлбулкъон Глад- ков Н. Тохы быдырæй йæ йе ’ккойы рахаста ^санитарон инструк- тор Дудкииа Дашæ, фæлæ фæстагмæ йæхæдæг дæр фæмард. Командирæй фæцыдис бирæ туг, митау ныффæлурс. Нæ палат- кæты цæфтæй къухбакæнæн дæр нал уыд, Кокойты Шалва йæ бахаста иу цатырмæ (раздæр-лу дзы хъæдгæс уыди). Æнæхъæн æхсæв йæ уæлхъус бадтис, баста йын йæ цæфтæ, дардта йын алыгъуызон хостæ. Йæ райсомы йæ фæсчъылдыммæ госпитал- мæ арвитып кодта. Уый æнхъæл ын нал уыдис, æмæ ма искуы йæ къахыл слæууыдаид, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. 1943 азы сæрды тæмæны, Курскы стыр тохты хæдразмæ, Гладков æнæнхъæлæджы фембæлд Шалвайыл. — Æвæццæгæн мæ нал зоныс, и? — хæларзæрдæйæ бакаст полчы командир йæ ирвæзынгæнæгмæ. Шалва æнæнхъæлæджы фембæлдæй куыддæр фергъуы- йау. Бакастис æм æмæ йын афтæ: ; —Кæмдæр ма дæ федтон, фæлæ йæ нал хъуыды кæнын. 444
— Канд уынгæ мæ нæ фæкодтай. Мæ цард мын мæлæты дзæмбытæй байстай. — Мæ зынаргъ командир! — фырцинæй фæхъæр кодта Ко- койты Шалва. Кæрæдзийыл зæрдиагæй ныттыхстысты. Никуыуал фембæлдысты уæдæй нырмæ æфсæддон дохтыр дгыæ йæ командир. Æрмæст Шалва зоны, Гладков Мæскуыйы кæй цæры, уый. Цыдис размæ, уæлахизы фæндæгтыл Кокойты Шалва, Хур- ныгуылæны ’рдæм. Фашистон Герман састы бынаты баззад. Хæ-сты цæхæр æрнымæг Хурныгуылæны. Фæлæ хъæбатыр дох- тыр ууыл йæ дзул лæвæрд нæ фæцис. Уый фæстæ йæ фæндаг цыд Дард Хурыскæсæны ’рдæм. Хайад райста япойнаг империа- листты ныхмæ хæсты дæр. Æмæ кæм нæ службæ кодта фæс- хæст дæр. Уыд Румыны, Венгрийы, Чехословакийы, суанг Ки- тай æмæ Цæгат Кореямæ дæр ахæццæ. Къорд азты фæкуыста Фæскавказы Æфсæддон окруджы -медицинон Управленийы дохтырæй. Æртæ азы размæ йæ ссæрибар кодтой æфсадæй, йе нæниз- дзинад чысыл кæй фæцудыдта, уый тыххæй. Ныртæккæ медицинон «службæйы отставкæйы дæлбулкъон Кокойты Максимы фырт Шалва цæры йæ бинонтимæ Сочæйы. Кусы санатори «Мацестайы дæлвæз»-ы дохтыр-ординаторæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цы сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уы- дон тыххæй иууыл хуыздæр æмæ растдæр дзурынц йæ бирæ хорзæхтæ: «Фыдыбæстæйон хæсты II къæпхæны» æмæ «Сыр\ Стъалыйы» дыууæ ордены, стæй дыууадæс амæй-ай кадджын- дæр медалы. Сæ ранымайын æнцон у, фæлæ бирæ цæуылдæрты дзурынц.
Цхуырбаты И. ГОЛЛАНДИЙЫ ЗÆХХЫЛ Тексел у Голландийы сакъадах Цæгаты денджызы. Уым 1945 азы гитлерои фашистты ныхмæ хъæбатыр тохы фæмард ис 522 хæстоны гуырдзиаг уацайрæгты батальонæй, уыдонæй 29 уыдысты ирæттæ. 1940 азы 10 майы гитлерон æф’сæдтæ бабырстой Голландп- мæ. Цыппар боны фæстæ Голландийы хицауад алыгъд Англис- мæ æмæ æнæхъæн Видерланды бæстæ бахауд фашистон окку- нацийы. Гитлерон абырджытæ Голландийы адæмæй 550 мин лæджы ракодтой Германмæ каторгæйы куыстмæ, 500 мин адæй- маджы дзы ахсгæ æркодтой, амардтой дзы 210 мин лæджы бæрц, .ныццагътой Голландийы коммунисттæн се ’рдæг. Фа- шисттæ Голла-ндийы хъæздыгад ластой се ’фсадæн, арæзтой дзы цæдисонты ныхмæ хъахъхъæдадон объекттæ, уым сæ хъуы- дис бирæ кусæг тых æмæ уырдæм тыхæй ластой уацайрæгты. Голландимæ каторгæйы куыстмæ фашисттæ аластой гуыр- дзиаг уацайраг батальоны. Уыдонимæ уыдис 38 ирон хæстоны æмæ бавзæрстой фашистон лагерты фыдмитæ, фæлæ, ахæм зын уавæрты уæвгæйæ дæр, æгаддаинад сæ сæрмæ никуы æрхас- той. Уыцы фыдхъысмæт кæуыл æркодта, уыдонæй иу уыдис Ко- койты Иосеб. Уый райгуырдис Дзауы районы Чъимасы хъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары 1909 азы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы Иосеб ацыд фронт- мæ æмæ хъæбатыр тох кодта знæгты ныхмæ. Гитлерон фашист- тæ Хт>ырымы æрдæгсакъадахы цы ’фсæддон хайыл æрхъула кодтой, уыдонимæ уыд Иосеб дæр. Уыиы ’фсæддон хайы баз- зайæццæгтимæ уый дæр уацары бахауд. 446
1944 азы фæззæджы уацайрæгты аластой Ъекселы сакъа- дахмæ. Уым гуырдаиаг батальоны комунисттæ уацайрæгты ла- геры сарæзтой сусæг организаци æмæ цæттæ кæньш райдыдтой растад сакъадахы фашистон æфсады ныхмæ. Уыцы организа- цнйы раздзæуджытæ уыдысты Артемидзе, Лоладзе, Гонгладзе #мæ æндæр сгуыхт хæстонтæ. Растад бацæттæ -кæныны бæрнон куыст кодта Гояты Къоста. Растадмæ цæттæгæнгæйæ, -сове- гон уацайрæгтæ бастдзинад сарæзтой Голландийы Коммунис- тон парти æмæ партизантимæ. Ацы бастдзинады активон кусæг уыд голландиаг сылгоймаг Аннæ Клайн. Растадмæ цæттæ уыдысты, лагеры цы 38 ироп хæстоны уыд, уыдон дæр. Советон Æфсады размæбырсты рæстæджы эсесоп къордтæ, куынæг кодтой уацайрæгты. Фашисттæ 1945 азы апрелы хъуа- мæ Цæгаты Денджызы ныддæлдон кодтаиккой Текселы уæвæг советон уацайрæгты дæр, фæлæ уыдон голландиаг коммунист- ты фæрцы базыдтой сæ сæфты хабар æмæ 1945 азы 5 апрелы æхсæвы æртæ сахатыл растадысты. Æнæ фехсгæйæ скуынæг кодтой, сæ хъахъхъæнæг фашистон гарнизоны цы 800 хæстоны бæрц уыд, уыдоны æмæ сын сæ хæцæнгæрзтæ байстой. Раста- донтæй фæмард дæс хæстоны. Уацайрæгтæ бацахстой сакъадах, се ’рдæм ралæууыд 300 голландиаг партизаны. Фæлæ раста- донты ^ныхмæ хæдтæхджытæ æмæ наутыл фаншсттæ бакалд- той бмрæ десанттæ Голландийы иннæ районтæй. Советон уацай- рæгтæ хъæбатыр тох самадтой фашистты ныхмæ, фæлæ сæм фæстагмæ нæмыг нал уыд, стæй знæггæ уыдысты бирæ фыл- дæр. Растадонтæ знæгтæй фæцагътой æдыппæт 2.500 хæстоны бæрц, фæлæ сæхицæй дæр фæмард 522 адæймаджы. Эоесон ба- •гальон куы æрхъула кодта советон хæстонты баззайæццæгтыл, уæд сæ хистæр бардзырд радта чысыл къордтæй æрхъулайае алидзыны сæраппонд. Растадонты хистæр Лоладзе Шалва дæр хъæбатырæй мард фæцис. Ирои хæстонтæй Кокойты Иосеб, Быценты Ясон, Куыдзе- ты Симон æмæ карелаг лæппу Бетейы фырт иумæ фæкъорд сты, бамбæхстысты хъæды къохы, фæлæ сæм фæраст ис фашистон взвод. Иосеб фехста уыдонæн ’сæ командиры; уæд знæгтæ æх- сын райдыдтой цыппар хъайтары, æгæрыстæмæй сын сæ ных- мæ æрбатылдтой сармадзан дæр. Фæлæ нæ фæтарстысты ирон бæгъатыртæ, скуынæг кодтой уайтагъд сармадзанæйæхсджы- ты, бон-изæрмæ сæхимæ хæстæг не ’рбауагътой фашистты. Бе- тейы фырт уыдис арæхстджын минер æмæ изæры йе ,мбæлтты акодта, уыйразмæ немыцæгтæ цы быдыр сминæ кодтой, уый астæумæ, акъоппытæ скъахтой æмæ 7 боны æххорм.агæй фæбад- тысты уым, хъæбатыр хæстонтæм фашисттæ нæ уæндыдысты сæхи минæты *хсæнты бацæуын, фæлæ уыдон æххормагæй нал фæрæзтой æмæ «се ’дас бынатæй» раивтой хъæдмæ. Уым се ’мбæлттæй иу къордимæ сиу сты, бафтыдис сæм дыууæ фы- 447
сы æмæ сæ хомæй бахордтой. Фæлæ та хъæбатыр хæстонтыл уайтагъд знæгтæ ногæй æрхъула кодтой æмæ та мæлæтдзаг тох бацайдагъ. Уым фæмард.ис Бетейы фырт, уæззау цæф фæ- цис гудзареттаг лæппу Плийы фырт æмæ, дыккаг хатт фашист- тæм уацары бахауыны бæсты, равзæрста мæлæт æмæ йæхн фехста. Хъæбатыр хæстонтæ 21 боны бамбæхстысты хъæды цъæссы- тьь кæрдзын сын лæвæрдтой сакъадахы цæрджытæ. Кокойы фырт дæр 21 боны æрдæгæххормаг æмæ цæфæй фæбадт иу0 байбыны, йе ’мбæлттæ йæ ирвæзын кодтой курæггаг къæбæрæй. Иосебы хæстон æмбæлттæй Текселы растады хъæбатырæй сæхи равдыстой Куыдзеты Симон, Гояты Къоста, Гаглойты Исахъ, Быценты Ясон, Тыбылты Коля, Тедеты Сардион, Джио- ты Къоста æмæ Хъæцмæзы фырт. Уыдонæн балтыст Ирыстон- мæ æрæздæхын. Хъæды уæвгæйæ, хæсты фаеуд фехъуыстой æр- мæстдæр 1945 азы 18 майы. Бацыдысты сæм англисаг æфсæдтæ æмæ ’сыи радтой хæринаг. Гуырдзиаг батальонæй ма удæгасæй аирвæзт æрмæст 228 хæстоны. Уыдон æрвыст æрцыдысты Белорусимæ. 1945 азы Текселы зындонæй æрыздæхтис йæ райгуырæп хъæумæ Кокойты Иосеб дæрг кусын райдыдта Дзауы районь; хъæды хæдзарады хъæдгæсæй æмæ 19 азы дæргы цæсгомджы- нæй æххæст кæны йæ хæстæ.
Цхуырбаты Иван КЪУЕРНЕТТАГ КАПИТАН Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайа’дисæг, капитан Коцты Къотейы фырт Георги, райгуырд 14 майы 1917 азыЦхип- валы райопы мæгуыр зæхкусæг хæдзары. 1939 азы Георги каст фæцис Цхинвалы педагогон рабфак æмæ уыцы аз ацыдис Сове- тон Æфсады рæнхъытæм. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдайынмæ Коцы фырт ахуыр кодта Мæскуыйы фыццаг артиллерион ахуыргæиæндоны, уыр- дыгæй тохы быдырмæ ацыд 24 июны 1941 азы. Коцты Г. Къ., взводы командир уæвгæйæ, знаджы ныхмæ фыццаг æрлæууыди, Ныгуылæн арæнтæй Минскы ’рдæм цы фæндаг цæуы, уым. Фа- шистон æрдонгтæ, стонг бирæгътау, лæбурдтой размæ æмæ Геор- ги цы полчы службæ кодта, уый йæхи нывондæн æрхаста Рай- гуырæн бæстæйы сæрыл карз тохты. Полчы баззайæццæгтæ нып- пырх сты фæсвæндæгты, уыдонимæ уыдис Георги дæр æмæ цы- дысты Скæсæнырдæм — сæрибары зæхмæ. Уыцы уæззауфæы- дагыл Георги æдзух цыдис хæстонты разæй. Советон хæстонты къорд æрдæгæххормагæй фæцыд æртæ- сæдæ километры, раирвæзти знаджы фæсчъылдымæй. Фæла: сæрибар зæххыл Георгийæн знæгтæй йæ маст райсын нæ бантыст, афтæмæй уæззау цæф фæци фашистон бомбæйы схъисæй, асаст йæ дæллаг æфсæр. Рынчындоны Георгийæн ~ бахсыст йе ’фсæры стæг, фадат ын уыдис хæдзармæ раздæхынæн, фæлæ уый йæ сæрмæ не схаста советон зæххыл знаджы ныууадзгæйæ, йæ хотых æрывæрын. 1943 азы Белоруссийы Ленинойы хъæуы цур Коцты Г. Къ. иу лейтенант æм,æ дыууæ салдати.мæ ацыдис знæгты тыхтæ басга- рынмæ. Георгийæн гитлерон снайпертæ уайтагъд -йе ’мбæлтты амардой, сæ хæдæхстæ сын фелвæста Коцы фырт æмæ" æрæ- мбæхст дзæбæх хъавæн бынаты, иунæгæй самадта хъæбатыр 29* 449
тох. Уæд Коцты Г. Къ. феиын кодта æфсæддон ашбисонды æцæгдзинад: «иунæг хæстон дæр тохы быдыры хæстхъом у,, кæд советон хæцæг уа, уæд1». Хъæбатыр ирон цалдæр сахаты хæстæг не ’рбауагъта знæг- ты йæхимæ, уалынджы фæзындысты советон танктæ æмæ уыдон Георгийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ скуынæг кодтоп фаншстты стыр къорд. Горæт Оршамæ хæстæг та Коцы фырт, тæссаг уавæры уæв- гæйæ, сбæрæг кодта знаджы зынгон тæппытæ æмæ с<т стæй ма- хонтæ ныппырх кодтой сармадзантæй. Георгийы дарддæр хъазуат тохы тыххæй булкъон Мишип фыста, зæгъгсæ, Скæсæн Пруссийы тохты æмбал Коцы фырт иæ- хиравдыста уæндсн æмæ хъаруджын афицерæй. Горæт Холс- бергмæ хæстæг Коцы фырты дивизион скуыпæг кодта знаджьг цыппар автомашинæйы, ныцъцъист кодта гитлероиты батарейæ, фехæлдта сармадзан æмæ ньшпырх кодта аст бричкæйы. Хъæу Петерсхагены цур знæгтæ бырстой контратакæйы, Георги, ихуа- рæгау, пæмгуыты ницæмæ даргæпæ, раст кодта йæ дивизионы æхст. Уыцы бон советон хæстонтæ аст хаттьт фæстæмæ аппæрс- той гитлеронты. Фæлæ та ногæй знæгтæ джебогъон тохмæ рацы- дысты, уæд нæ фистæг æфсæдтæ фæстæмæ фæчъил сты, уыцы тæссаг уавæры Георги йæ пистолет фелвæста æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта: «Мæ фæстæ-джебогъон тохмæ!» Афтæмæй та гитлеронтæ фæсхæмæ тард æрцыдысты. Уыцы хъа?батыр- дзинады тыххæй советон комаидæкæпынад Георгийы схорзæх- джын кота «Фыдыбæстæйон хæсты» фыццаг къæпхæиы орденæй. Тохы быдыры Коцы фырт арфдæр кодга йæ дæсныйад, рæзтис политикон æгъдауæй æмæ ссис дивизионы разведкæйы хистæр, райста хистæр лейтенапты чин æмæ поджы уæндондæ- рæй сгæрста зиаджы раззаг зынгон тæппытæ æмæ салдæтты æмбæхсæн бынæттæ. Уыцы зоиæнтæ-иу куыддæр Георгийы къухы бафтыдысты, афтæ-иу гитлеронтæ æрбаисты советон сармадзанты амæттаг. Коцты Г. Къ. 1943 азы бацыдис Коммунистон паргийы рæнхъытæм æмæ кæддæриддæр рæнхъон хæстонтæй уьтд цæ- виттойнаг партион, Уæлахизы боны фæстæ дæр ма Коцы фырт тах кодта, Уæллаг Силезийы знæгтæй сæхи чи нæ лæвæрдта, уыцы къорды ныхмæ. Хæсты кæронмæ Георги ссис минаметон полчы штабы хистæр. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йæ хъайтардзинад æмæ иузæр- дион службæйы сæраппонд Коцты Г. Къ. райста аст паддзаха- дон хорзæхы. 1946 азът æрыздæхт Цхинвалмæ% куыста ахуыргæ- нæгæй æмæ та 1951 азы аздæхтис Советон Æфсады рæнхъытæм. 1955 азы Георги демобилизацийы æрцыд æмæ ныртæккæ кусы Цхинвалы ахуыргæнæндæттæй сæ иуы директоры æххуысгæ- нæгæй.
Плиты Илья ИРОН АДÆМЫ ХЪÆБАТЫР ЧЫЗГ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æгшæг фронтты дæр иронадæ- мы фырттæ цы хъæбатырдзинæдтæ равдыстой, уыдон алкæмæч дæр зындгонд сты. Лæппу фæсивæдимæ иумæ, уæхски-уæхск, не- мыцаг цъаммæртты ныхмæ удуæлдай тох кодтой пе ’мбæстаг ирон чызджытæ дæр. Немыцаг-фашистон тыхæйисджыты ныхмз* удуæлдай тох ксдта Знауыры районы Арчъиеты хъæуккаг Коц- тыНикъалайы чызг Зоя дæр. Коцты чызг Фыдыбæстæйон хæс- ты агъоммæ каст фæци Тбилисы стоматологон ■ институт æм.т уыдис æфсæр-цæсгомы къорды дохтыр. Фашистон Герман на> бæстæмæ куы ’рбабырста, уæд Зоя ацыди Советон Æфсады рæп- хъытæм, куыста эвакогоспиталы ордипаторæп. Калиннны фрон- тыусшгæйæ, уый уым ахуыр кодта дохтыртæ бацæттæгæнæч курсыты. Курсытæ фæуыны фæстæ куыста медсанбаты взводы ординатор-хирургæй æмæ стæй та артиллерион полчы кæстæр дохтырæй. 1944 азы октябрæй суапг хæсты фæудмæ уыдис хи- цæн медикон-санитарон ротæпы дохтыр-специалист, уыдис ын- медицинон службæйы хистæр лейтенанты ном. Ирон адæмы номдзыд чызг Коцты Зоя Белорусси, Полына- æмæ Пруссийы зæххыл активои хайад иста фы^гул зпæгты ныд- дæрæн кæныны хъуыддаджы. Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæг институты архивои доку- меитты Коц’ты Зояйы æхсар æмæ лæджыгъæды тыххæй бирæ фыст ис: «Кенигсбергы цур тохты уый æхсаевæй-бонæй дежурне кодта быдырон госпиталы, советои хæстонты цурæй н.икуыдæм Дыд, се ’фсæртæ цæф кæмæн уыдысты, ахæм цыппор хæстонæн бакодта медицинон æххуыс, хорз сæм зылдй стационары æмæ звакуацийы *дæр. Зæрдиаг’æмæ хъæппæрисон куыст кæй кодта, уый фæрцы-иу цæф хæстонтæ бынаты — медсанбаты тагъд адзæ~ 45У
бæх сты, æмæ-иу сæ уымæ гæсгæ дард фæсчъылдыммæ цæуьш нал бахъуыдис. Коцты Зоя цæсгомджын куыст кодта, арæхстджын уыди, ^сæрибар рæстæджы-иу касти литературæ, йæ дæлбаруæвæгкус- джытæн уагъта беседæтæ, æмæ уый фæрцы медицинон кæстæр персоналон кусджытæ хуыздæр кодтой фронтон уавæрты сæ зонындзинæдтæ. Коцты Зояйы лæджыгъæд æмæ арæхстджын куысты тыххæи бирæ фыст исгазетты фæрстыл, командæкæнынады бардзырдты. 1945 азы 14 апрелы медицинон службæйы 23 хицæн ротæйы хомандир майор Конюховы бардзырды фыст ис: «Медицинон службæйы хистæр лейтенант Коцты чызг Фы- дыбæстæйон хæсты фронтты ис 1943 азæй фэестæмæ. Æфсады кусы дохтыр-специалист — стоматологæй. 1943 азы октябрæп хайад исы не ’фсады хæстон операциты Белорусси, Полъшаз æмæ Прусси ссæрибаркæныны тохты. У хъаруджын, активон, дохтыр-стомотолог уæвгæйæ, хорз зоны хирургон операциты тех- никæ. Кенигсбергы сæрыл тохты уый куыста æнæхъæн суткæтæ, медицинон æххуыс бакодта 41 цæф хæстонæн, иттæг-хорз сæм зылдис, дзæбæх сæ кодта стационары æмæ эвакуацийы дæр. Æппæт йæ тыхтæ æмæ йæ хъару дæдты цæф хæстонтæ сдзæбæх кæныны тыххæй. У æгъдауджын æмæ хæслæвæрдтæ æххæстгæнаг. Политикон æгъдауæй цæттæ. Парти æмæ Райгуырæн бæстæйыл у æнувыд. Æвдисын æй паддзахадон хорзæх. — «Сырх Отъалыйы» ор- ден райсынмæ».' Аккаг у райса паддзахадон хорзæх — Сырх Стъалы, зæгъгæ, уыцы документыл сæ къухтæ фыссынц 50 армийы- медицинон х:лужбæйы булкъон Гущин æмæ инæлар-майор Кесаев. 1945 азы 30 апрелы 50 армийы бардзырды фыст ис: «Коцты Никъалайы чызг Зоя хорзæхджын æрцыд «Сырх Стъалыйы» орденæй. Командæкæнынады хæстон хæслæвæрдтæ иттæг хорз кæй сæххæст кодта, уый тыххæй ма Коцты Зояйæн лæ^вæрд æрцыд хицауадон хорзæхтæ: «Кенитсберг сисыны» æмæ «1941 — 1945 аз- ты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Германыл фæуæлахизы» тыххæй <майдантæ. Фыдыбæстæйон хæст куы фæцис, уæд Коцты Зоя æрыздæх- тис Тбилисмæ. Цæргæ дæр æмæ кусгæ дæр кæны уым.
Коцты Юри ФИДЫДАДЫ САЛДАТ 1942 аз. Августы судзгæ хур, цыма, йæ тынтæй знæгты ба- судзынмæ хъавыд, уыйау ныккомкоммæ Туапсемæ æрхизæн æфц- джытæм. Фашисхтæ сæхи рагæй цæттæ кодтой, Туапсейы бап- сынмæ. Хæхтыл чи хæцыдаид, ахæм салдæтты рахицæн кодтой æмæ сæ ахуыр кодтой, хæхтыл куыд цæуын æмæ хæцын хъæуы. ууыл. Схуыдтой сæ «хъæддаг дивизи». 13 августы Туапсемæ æрхизæны зайраг æвзонг лæппу Коцты Павлик фыццаг хатт сæмбæлд фашистон лæгсырдтимæ. Кæмттæ æрвнæрæгау нæрыдысты, сæ сæрмæ æрбадт топпы- хосы бæзджып <сау фæздæг. Бон кæнын райдыдта, ныннæрыдьг сты сармадзантæ, минаметтæ, уæлдæфæй та, ихуарæгау, згъæл- стон фашистты хæдтæхджытæ æхсидгæ нæмгуытæ. Фашисттæ лæгдых æмæ техн.икæйæ фылдæр уыдысты, фæлæ махуæттæ сæ ныхмæ, домбайау, æрлæууыдысты. Павлик ахуыр уыд къæдзæх- тыл дæуынмзб, æмæ, тыртынайау, хъуызыд хæрдмæ, скæсын сæ чи нæ уагъта, уыцы пулеметæхсæгмæ. Дурæй-дурмæ гæпп, ай- нæгкъæцзæхтыл та гуыбыны цармыл бырыд. Мæнæ, гъе, чысыл ма... Ныхъхъавыд æмæ немыцаг пулеметæхсæг æиусмæ мæр- дон фынæй баци Кавказы хæхтыл. Уыцы боп Павлик скунæг кодта фондз фрицы. Фæлæ йæхицæи дæр йæ хъустæ акъуырма сты, сæр разылд æмæ зæххыл æрхауди. Аст мæйы дæргъы уд- уæлдай тох кодта мæлæты ныхмæ. Стæй йæ цардбæллон буар фæтых низыл. Ногæй та фронт, ногæй та тугкалæн хæстмæ... ...Горæт Россошы сæрыл тохты хъæбатырдзинад равдыста Павлик. Уьщы горæты сæрыл йæхи нывондæн æрхаста не ’мзæх- хон, Фыдыбæстæйоп хæсты хъайтар Козаты Шаликъо. Горæг 453
немыцаг-фашистон сырлтæй куы ссæрибар, уæд Павлик ардба- хордта, йæ маст ын фыдызнæгтæй кæй райсдзæнис. ...Фæззæг. Цæугæдон Днепры былыл дымгæ зпæт футтытæ кодта. Сандомирмæ хæстæг Днепры былыл бады Павлик йе ’фсæд- дон хаимæ æмæ æнæхъæлæбайæ йæхи цæттæ кæны Днепрæн ин- нæ фарс знæгтæй асыгъдæг кæнынмæ. Бардзырд анæрыд, æф- сæддонтæ сыстадысты æмæ æиæ уынæрæй бахызтысты цæугæдо- ны.,Павликæн йæ чъылдымыл 24 килограммы уæзæн раци, сбадг бæлæгъы æмæ бæлæгъ доны улæнты атындзыдта. Знæттææна- уæрдонæй æхстой, доны фаллаг фарсмæ чи-хызтис, уыдоны. Нс ’фсæддонтæй бирæтæ доны асгæу знаджы нæмгуытæй фæмард сты. Иу рæстæджы сармадзаны нæмыг бæлæгъмæ хæстæг сæм- бæлд. Бæлæгъ фæфæлдæхт. йæ уæлæ бадæг салдæттæ акалдьг сты доны. Уыцы æвирхъау уавæры, уæззау уæзимæ, Павлик аленк кодта доны фаллаг фарсмæ, æм,æ уадидæгæн бастдзииад сарæзта командæкæнынадимæ. «Днепры сæрты ахызтыстæм,--- хъусын кодта Павлик, — знаджы фæстæ^æ сурæм». Къух нын- дзыг ис рацийы къæбæлыл, дон къæхты’ быиæй, цыхцырæгау, згъоры, дæндæгтæ гæркъæрагæй фыддæр фесты. Фæцис хæстон ха’бæрттæ лæвæрд æмæ та, раци уæхсчытыл баппаргæйæ, хæ- дыхсæй знæгтыл банымадта. Уыцы тохты тыххæй полчьькомач- здкæнынад КоцТы Павличы схорзæхджын кодта «Сырх Стъа- лыйы» орденæй. Фæззыгон бонтæ фесты, æрбалæууыдысты зымæгон хъызты- тæ. Мит пирæнгомæй здухгæ уарыдис. 1944 азы Советоп Æфсад ^фидар къахдзæфтæй размæ бырсын райдыдта., 31 декабрь. Æризæр. Павлик бадти, тагъд-тагъдæй дымгæ- йæ хи бахъахъхъæныыы тыххæй ны акъопп скъахтой, уым. Изæ- ры сын ног азы бæрæгбон банысан кæныны тых»хæй байуæрстой арфæйы телтæ, стæй ма сæм цы арахъхъ æмæ хæринæгтæ аззад, уыдонæй акуывтой сæ фæуæлахизы тыххæй. Райсом дзæбæх нæма ’рбабон, афтæ сæ алырдыгæй ныц- цавтой знаджы тыхтæ. Æрхъулайы бахаудтой 85 полк æмæ 136 Киевы гвардион дивизи. Фашисттæ сæ æлхъивын райдыдтой. Æрхъулатонд æфсæддонтæ иуырдæм афсæрстой, фæлæ зды æмæ зынджы ’цæхæрыл сæмбæлдысты. Мæлæтдзаг тох райтынг ис чнаджы æрхъула атоныны сæрыл. Фæлæ не ’фсæддон хæйттам: уый сæ къухы куы нæ бафтыд, уæд сфæнд кодтой чысыл къордтæй знаджы æрхъулайы æхсæнты нæхиуæттæм æрба- ирвæзын. ...Иу æмæ ссæдз салдаты, сæ разæй Коны фырт, афтæмæй æхсæвы арæхстгай баввахс сты немыцæгтæм. Коцы фырт дыу- уæлашпуйы сгарæг арвыста. Уыдон тагъд фезлæхтысты æмæ фёхъусын кодтой: «Хъæуæй ахизæны хиды хъахъхъæнынц æртæ салдаты, иниæ немыцæгтæ тарффынæй сты», — зæгъгæ. 454
Фæспиат нал хъуыдис. Павлик бардзырд радта йæ къордæн араохстгай хидмæ бацæуын æ.мæ æнæссыбырттæй немыцаг хъахъхъæнджыты скунæг кæнын. Йæхæдæг сæ разæй аивæй, хъавгæ, алæгæрста миты. Дымгæ нынниудта. Фудтытæ райдыд- та. Рыг мит йæ хуыссæпæй сыстад æмæ фæлдзæгъдæнтæ кæны. Немыцаг хъахъхъæнджытæ сæ сæртæ цинелты æфцæккотты яытътъыстоп, афтæмæй иуран сæ мидбынат кафынц. Иу рæстæджы сыл сæхи æнæнхъæлæджы ныццавтой Пав- личы хæстонтæ. Æнæсыбырттæй сæ фæуын кодтой æмæ æдасæй лхызтысты хидыл. Дыккаг бон Моринцимæ хæстæг хъæды сæм- бæлдысгы Моринцийы партизантимæ. Зиаджы фæсчъылдым’ хъазуатон тох .кодта Коцы фырт йæ къордимæ. Инæлар Федоренкойы танкон хай атыдта æрхъула æма* ссæрибар кодта 85 полк æмæ 136 Киевы гвардион Дивизийы. Коцы фырт баиу йе ’фсæддон хаимæ æмæ, фыдгул знаджы дæрæнпрнгæйæ, абырста размæ. Карз тохты, знаджы куынæггæнгæйæ, Коцы фырт йе ’фсæд- чон хаимæ иыххæццæ цæугæдон Одермæ. Фашисттæн сæ астæумагъз ацъæл, æр-мæст ма сæ фæстаг тыхтæ æрбатымбыл кодтой æмæ, цыма, Одеры цæугæдоны фал- лагфарс ныццæхæр сгы. Не ’фсæддон хай йæхи цæттæ кодга Одеры сæрты ахизынмæ. Базснын хъуыд знаджы тыхты равæрд доны фаллаг фарс. Павлик æмæ æртæ хæстонæп бахæс код,той уыцы хæс сæххæст кæньгны хъуыддаг. Æхсæвы тар йæ сау пæлæз æрымбæрзта зæххыл. Æрмæст- иу рæстæгæй-рæстæгмæ арвыл ферттывтой ракетæтæ æмæ-иу уæд барухс сты допы былтæ. - Коцы фырт йе ’мбæлттимæ аивæй бахъуызыд цæугæдоны былмæ, стæй чысыл бæлæгъыл цъыхырытæ æркалдта æмæйæ афта^мæй ауагътой доны размæ. Доны улæнтæ бæлæгъы са^ уазл- ныхтыл систой æмæ йæ цæрдæг аскъæфтой. Павлик йе ’мбæлт- тимæ æрныгъуылд доны. Æвиппайды доны фаллаг фарсæй ха^- дыхсы къæр-иъæр райхъуыст. Фашисттæ бæлæгъы æхсын рай- дыдтон. Нæмгуытæ сыхырна фестын кодтой бæлæгъы фæрстæ. Фæлæ афтид бæлæгъ йæхицæп ленк кодта доны улæнтыл. Цылпар бæгъатырæн сæ фæнд æрцыд. Знаджы зынгонтæп- пыты уынгæйæ, донæн уыцы фарсмæ аивæй ахызтысты æмæ арæхстгай сæ хæс æххæст кæнынмæ æрывнæлдтой. Сæ хæстоп хæс куы сæххæст кодтой æмæ фæстæмæ куы ра- Цæйздæхтысгы, уæд сæ бафиппайдтой знæгтæ æмæ сæ æнауа^р- Дочæй æхсынрайдыдтой. Бирæ сæ нал хъуыдис доны иннæ фарс се’мбæлттæм æрбаирвæзынмæ, афтæ Павличы æмбæлтгæй иуæн йæ цонг фæцæф. Салдат цæлдон кæнын райдыдта. Павлик уый фенгæйæ, баленк кодта йе ’мбалмæ, йе ’фцæгго- тæй йæ æрцахста, æмæ йæ раласта донæй. Ксцы фырт цы ахс- ^сиаг зонæптæ æрбахаста, уыцы зопæнтæ итта^г ахъаз фесты 455
советон æфсæдтæ Одеры сæрты æдæрсгæйæ ахизыны хъуыдда- гæн. Уый тыххæй йæ нæ командæкæнынад схорзæхджын кодта «Фыдыбæстæйон хæсты» 2-аг къæпхæны орденæй. Уæлахизы цины бæрæгбон Павлик арвыста Берлины. Фæцис йæ тохы уæззау æмæ тугæрхæм фæндаг Коцты Пав- ликæн æмæ æрыздæхтис йæ фыды уæзæгмæ йæ хæдæхс аппæр- ста æмæ ’рывнæлдта суинаг фæлтæры хъомыл кæнынмæ, уыдо- нæн зонд радтынмæ, куыста ахуыргæнæгæй. йæ къухы хъомы- лад чи райста, уыдонæй бирæтæ систы ахуыргæнджытæ, æфсæд- дон ксмандиртæ, инженертæ. 1964 азы Кодты Павлик, ледагогон ичституты студент уæвгæ- йæ, бацыд Хуссар Ирыстоны æхсæнадон фæтк хъахъхъæнына- ды управленимæ кусынмæ. Милицийы хистæр лейтенант Коцты Павел намысджынæй тох кодта Фыдыбæстæйон хæсты зпæгты ныхмæ, æрхаста фарн æмæ фидыдад, æмæ ныр та хъахъхъæпы советон адæмы æнцойад сабырадон царды.
Гришæ Алешæ Гаглойты Григол ЗЫНГЗÆРДÆ ЛÆППУТÆ Куроедова Маруся иунæгæй бадти сæ хæдзары. Чи йæ зо- ны, зæронд усæн йæ уæззау хъуыдытæ уыцы уысм кæм ленк кодтой, фæлæ сын уалынмæ сæ дуар чидæр бакъуырцц-къуырцц кодта. Маруся уæззаугай сыстади, рацыд æмæ йæ са»р къæсæ- рæй радардта/ — Бахатыр кæн, тетя Маруся, .иу чысыл нæ демæ аныхас кæнын фæнды æмæ нын бар радт, — сдзырдта æвзонг чызг. Зæронд ус хæдзары дуар уæрæх байгом кодта: — Табуафси, мæ хъæбултæ, мидæмæ рахизут/ Чызджытæ бацыдысты хæдзармæ, къуымты афæлгæсыдыс- ты æмæ стæй сæ иу зæгъы: — Мах стæм Цхинвалы №3 скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Аразæм равдыст, æмбырд кæнæм, не ’скъолайы чи ахуыр код- та æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад чи иста, уыцы хæс- тонты хуызисттæ, фыстæджытæ æмæ хорзæхтæ. Курæг дæ стæм, æмæ нын ды дæр дæ фыртты хуызисттæ ма бахæлæг кæн, нæ дын сæ фесафдзыстæм, радзур нын сæ хæстон фæндæгтæ дæр. Бæргæ дьтн дæ зæрдæйы хъæдгом ногæй агайæм, фæлæ нæм ма фæхæрам у. Зæроид ус къулыл йæ фыртты нывтæм скаст, иудзæвгар æгомыгæй алæууыд, >стæй йе ’нцъылдтытæ рустыл æртылди - 457
цалдæр судзгæ цæстысыджы. Уый сæ йæ кæлмæрзæны габазæй асæрфта æмæ уæззау ныуулæфыд. { — Æрбадут, мæ чызджытæ, ныртæккæ уын сæ фенын кæн- дзынæн, — æрæджиау сдзырдта Маруся, — къуыммæ бацыд æмæ иучысыл рæсугъд лагъзæй систа йæ фыртты азртæкъуымон фыстæджытæ, къаннæг нывтæ æмæ «Сырх Стъалы»-йы ор- ден. Радта <сæ чызджытæм æмæ сын балæгъзтæ кодта: — Æз кæсын нæ зонын æмæ уæ курын, иу-дыууæ фыстæ- джы мын дзы бакæсут, стыр зæрдиагæй мæ фæнды мæ фыртты -хъæлæсмæ байхъусын. Чызг райдыдта кæсын: «Мæ зынаргъ ныййарджытæ, ма мæт кæнут мæн тыххæй. Мæнæн .ницы у. Нырма стæм фæндагыл. Фашистты ныхмæ фæ- лæууыны сæр нæ нæма бахъуыд. Кæд исты цъыссымы бахауон, уæд уæм æз мæхæдæг, кæннод та ме ’мбæлтта* хъусыи кæн- дзысты. Фæстæмæ лæууæн дзы нал ис, афтæ нæ домы нæ Рай- гуырæн бæстæ. Фыссут-иу арæхдæр. Уæхи Гриша.» «Райстон та дын дæ фыстæг, — фыста кæстæр фырт, —- ’стыр бузныг. Гыцци, курæг дæ дæн, цæмæй фæразай дæхи уро- мын. Дæ цæсты сыгтæ мæнæн ницы баххуыс кæндзысты ардаём, уыдон сты æрмæст дæуæп дæ тыхтæ сæттæг. Мах стæм æнæниз. Знаг йæхи куыд равдыста, ахæм тæссагæй дзы ницы ис. Уыры- сы быдыртæ æхсынц сæ маргæйдзаг тугæй. Мæ зынаргъ хо Ва- ря, гыцци дæ фæдзæхст нæ ныццыдмæ. Макуы йæ фæЬсъыг кæн. Ницыуал фыссын... Тагъд кæны-н, Фенынмæ». Уæхи Алеша. 14. XII. 42 аз." «Зынаргъ ныййарджытæ, æз сымахмæ фьгстон, «Сырх Стъа- лы»-йы орден кæй райстон, уый тыххæй. Уый мæи сразæнгард кодта фашистон лæгхорты ноджы тыпгдæр цæвынмæ. Гришайæ фыстæг нал исын æмæ мæ уый бафтыдта цахæмдæр уæззау хъуыдыты. Фехъусын мын кæнут" йæ хабæрттæ. Варя, мæ ах~ уыргæнджытæй кæйдæриддæр фенап, мæ бæсты-иу сын радт зæрдиаг салæмттæ». Алеша. 29. II. 43 аз. «Уæ бонтæ хорз, Алешæйы «ыййарджытæ! Иу афæдз служ- бæ кодтам уа* зынаргъ фыртимæ иумæ. Уый раздæры рæнх^юн жфсæддонæй сси батарейы командир. Немыцаг тыххæйисджы- ты ныхмæ хъæбатырæй кæй тох кодта,уый тыххæй райста «Сырх Стъалы»-йы орден дæр, фæлæ уын хъыгзæрДæйæ хъусын -кæнæм, æрæджы уæ зынаргъ Алешæ, знаджы ныхмæ тох кæн- гæйæ, хъæбатырæй кæй фæмард, уый тыххæй. Сымахимæ хъыг кæнæм мах дæр уе ’взонг хъæбулы æнафоны амæлæтыл». Демче-нко. 9. VI. 43 аз. Марусяйæн ацы фыстæг цалынмæ бакастысты, уæдмæ сæм лæмбынæг фехъуыста, стæй йæ зæрдæ суынгæг æмæ судзгæ цæссыгкалгæ сдзырдта. 458
— Æгъгъæд мын сæ кæсут, мæ чызджытæ. Нал мæ фæнды мæ фыртты хъæлæсмæ хъусын. Уыдон мыл сайдæй рацыдысты, уæзæджы къæйыл мæ ныууагътой... Бирæ мын фæцæрут сымах. се ’рцыдмæ... Йæ кæстæр фырт Алешæ æнтысгæйæ каст фæци Цхинвалы ;\&3 скъолайы дæсæм’кълас. Уый фæстæ,1942 азы, ацыд Сырх Æф’садмæ æмæ каст фæци 6-мæйон æфсæддон курсытæ. Уыцы аз ацыд фронтмæ æмæ, карз тохты бацæугæйæ, фыдызнаджы нæмыгæй мард фæци 1943 азы/7-æм майы. Грмша та ахызт 8-æм къласмæ. Ахуыр кодта хорз, фæлæ уый дæр йæ уарзон фæндагæй фæиппæрд кодта уыцы æлгъыс- гаджы хæст. йæ ныййарджытæ дзы «сау гæххæтт» райстой 1941 азы. Цхинвалы семæ цы ирон л’æппута) æмæ чызджытæ ахуыр кодтой, уыдон ныр дæр æрымысынц æфсымæртæ Алеша æмæ Гришайы. Алеша ма нымад цыди нæ горæты хуыздæр футбо- листтæй оæ иуыл.
Богазты Умар ДÆ КАД МЫГГАГМÆ У ЦÆРИНАГ Бады йæ кусæн уаты æфсæддон къамисар. Къухтæ сарæз- та халас къæмисæнтæм æмæ æнæфезмæлгæ кæсы, йæ размæ стъолыл цы гæххæтт ис, уымæ. Цал æмæ йæ цал хатты баны- мадта йæхинымæр æмæ йæ хъуыдытæ сæ быны скодтой. Гæх- хæтты цы фыст уыд, уый йын йæ зæрдыл ногæй æрлæууын код- та, рагæйцыхъуыддагбакæнынмæ хъавыд, уый. Æмæйын уы- цы гæххæтмæ кæсын уæлдай зындæр, æвæццæгæн уымæн уыди. Кцойты Гагуыдз... Хорз зыдта кæддæр Гагуыдзы æфсæддон къамисар.' Уый дæр уыди Кцойтæй. Фыдыбæстæйы хæсты размæ иумæ ахуыр кодтой педагогон скъолайы. Хорз цардысты, хæларæй. Стæй та сæмбæлдысты хæсты фæндæгтыл. Иумæ тох кодтой знаджы ных- мæ. Фæлæ хъысмæт... Куыд фæливаг у хъысмæт, куыд! Карз хæсты фæцæф æрыгон афицер, ныр та халассæр æфсæддон къа- мисар. Æмæ уæдæй фæстæмæ нал самбæлдис йе ’рдхордыл. Стæй Ирыстонмæ куы сыздæхт æмæ Кировы районы æфсæд- дон къамисарæй кусын куы райдыдта, уæд бонæй-бонмæ æр- гъæвта, йæ зæрдæ æдзухдæр цы хъуыддагмæ æхсайдта, уый сбæлвырд кæнын. Æмæ та хъысмæт йæхионтæ бакодта, райста йæхимæ адæймаджы хъуыддаг, рæстæджы æрцыбыртæ ласта: æфсæд- дон къамисар райста гæххæтт Кцойты Гагуыдзы тыххæй. Гæх- хæтты бирæ фыстытæ нæй, фæлæ къамисары цæстыты раз æр- лæууыди диссаджы адæймаджы егъау æнæкæрон цард. «Йæ ардбахæрдыл пузæрдион уæвгæйæ, — касти къамисар, — Кцой- ты Гагуыдз хъæбатырæй тох кодта немыцаг фашистты ныхмæ...» 460
Райгуырæн бæстæйы нæферох йæ хъæбатыры ном—агуырч- той Гагуыдзæн йæ бинонты, уыдонæн хъуамæ лæвæрд æрцыда- лд йæ орден. Стырæй чысылæй зонынц Кæрдзыныхъазуы Кцойты Га- гуыдзы биионты. Мад, фыд, йæ ус æмæ йæ фырт. Мæнæ æф- сæддон къамисаримæ уаты бады хæрзконд, рæсутъд сылгоймаг, йæ уаелæ морæ тæбын къаба, йæ сæрыл тæнæг сæрбæттæн. йæ сау дзыккутæ лæгъз фаст, бæзджын къæлæт æрфгуыты бын даргъхауджын сау цæстытæ. Се ’нгас æнцад, цыма змæлгæ дæр нæ кæнынц, афтæ æнкъардхуыз дарынц. — Бахатыр кæн, батыхсйн дæ кодтон, — къамисары хъæ- лæс чысыл зыр-зыр кодта, кæд йæхиуыл хæцыди, уæддæр. — Ныронг дæр мын хæс уыди уæ бинонты бабæрæг кæнып... Гагуыдзимæ рагæй кæрæдзи зыдтам, ахуыр дæр иумæ код- там... Сылгоймаджы цæстытæ фезмæлыдысты æмæ къамисар фед- та: фæрысти уыцы ныхæстæм сылгоймаджы зæрдæ. Уый уыди Кцойты Гагуыдзы бинойнаг Азæ. Сылгоймаг размæ фæцудæгау кодта, æмæ, цыдæр тыхны- хъуырд акæнгæйæ, къамисары бафарста: — Исты хабар мыййаг?.. Къамисар касти стъолмæ, йæ сæр сисын нæ фæрæзта, аф- тæ уæззау æм фæкасти сылгоймаджы фарст. Цы йын хъуамæ зæгъа? Каед афтæ фæрсы, уæд æм, æвæццæгæн, нырма æнхъæл- мæ кæсы. Æмæ кæд йæ къæхтыл уыцы æфсонæй цæуы, уæд та? Царды йæхицæн цы мæсыг самадта æмæ йæхи кæмæй хъахъхъæ- ны, йæ бæрны цы адæймæгтæ ис, уыдонæн .ныфс кæмæй дæтты ацал-ауал азы, уый йын куыд æрбайхала? Фæлæ æцæгдзина- дæн æнæэæгъгæ дæр нæй, уæлдайдæр йæхицæн æмгар кæй хуыдта, тохы кæимæ бахсысти, уый бинонтæн. Цы йын зæгъ- дзысты уый фæстæ, цы йæ схондзысты адæм?! Гагуыдзæи йæ- хицæн фырт куы хъомыл кæны, ау, уæд, уый, дунейыл ьтн зы- наргъдæр кæй ном у, уый зæрдæйы мæнгуырнындзинадимæ да- ра. Стæй та?.. Нæ, уый раст нæу. Арф ныуулæфыд ’къамисар, æнхъæл уыд æмæ йæ зæрдæйыл цы уæз æрфæлдæхт, уый ахаудзæн æмæ йæ дзурæнтæ феуæгъд- Дæр уыдзысты. Фæлæ йын нæ фенцондæр. Цас йæ бон уыд, уы- йас йæхи ныффидар кодта <æмæ сылгоймагæн загъта: — Дбон гæххæтт раистон... Гагуыдз хъæбатыр хæстонæй фæмардис^—Къамисары фæндыдис ГагуыДзы ’номмæ тых- Джын ныхæстæ бафтауын, фæлæ йæ къухы «н»æ бафтыдысты. — Йæ амæлæты фæстæ йын орденæй йæ ном ссардтой... Сылгоймаджы тымбыл цæсгом, цикъæйау, ныффæлурс, был- тæ ацъæх ссты, цæстытæй та уадысты æмæ уадысты цæссыгтæ. Наедæр æрдиаг кодта, нæдæр хъæрæй куыдта. Къамисармæ афтæ фæкаст, цыма йæ зæрдæйы тугтæ цæссыгæй цæуынц, стаей сæ хал аскъуыйдзæ.н æмæ зæрдæйæн йæ зынг дæр ахуыс- 461
дзæн. Хатгай сылгоймаг асæр_фы ца^стытæ, а^идæр йæ бьшатæй змæлгæ дæр нæ кæны. ’ —Зондæй йæ æмбæрстон... нал ис... Фæлæ зæрдæйы ни: цыуал уырны, æнхъæлма* кæсы æмæ кæсы, — сабырæй загъта уый. — Мад æмæ фыды дæр нæ уырпы. Уьтдрн дæр æхсæвæй райсоммæ сæхицæн зæрдæтæ æвæрынц. Исчи;æфсадæй куы сыз: дæхы кæнæ та отпусчы куы ссæуы, уæд та дзыццайæн йæ,хæри- нæгтæ цалдæр боны æрдæгкондæй фау1æууынц/ «Мæлæт лæгæй-лæгмæ цал хатты федтон, уæддæр мын аф- тæ зыи куы никуы.уыди, — хъуыды кодта къамисар сылгоймаг- мæ хъусгæйæ. — Уыйас рæстæг рацыдис, æмæ адæймагыл... Чи нал ис, уыцы адæймагыл афтæ да> зæрдæ ма сив. Цæй домбай удыхъæдджын дæ, цæ». — Уæ кой-иу арæх кодта, — къамисарæн йæ зæрдыл æр- лæууыд, Гагуыдз-иу йæ фырты пом куыд æхсызгонæн дзырдта, уып, — никуы рох кодта Костичы. Лæппуйы ном фехъусгæйæ, сылгоймаджы цæстыты’цавæр- дæр хъарм рухс фæзынди æмæ ма кæд кæугæ кодта, уæддæр уыцы рухс цæссыгты аууон нæ фæци. Сылгоймаг сьгстад. йæ цæстытæ ма иу сæрфт ныккодта ;смæ басур сты. Фæла^ цæсгомы фæлурс æмæ былты цъæх нал ссыдысты. ХæрзиуæЛмæ бираз ачтхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд—Мæс- куыйæ Кцойты Гагу.ыдзы бинонтæн зæрдылдарынæн сæрвыс- тон хъæбатыр æфсæддоиы «Фыдыбæстæйы хæсты, орден. Райста йæ æфсæддон къамисар æмæ йæхи ныффидар кодта, афтæмæй бацыди Кцойты хæдзармæ. — Гагуыдзы орден... Сымахæн æй сæрвьтстой.::^-загъта Азæйæн æмæ чысыл къопп стъолыл æрæвæрдта. 1 Сылгоймаджы цæстæнгас баныхæст чысыл къоппыл, цыма сонт фæци, уыйау æй æндæрырдæм аздахын нал бафæрæзта. Стæй йæ бынатæй фезмæлыд, бацыд стъолы цурмæ. Ризгæ къух- тæй систа къопп æмæ йæ гом кодта, фæлæ йæм иу цасдæр нæ арæхсти. Къопп куы фегом, уæд дзы ферттывта орден. Сылгой- маг æм æдзынæг каста, фæлæ, æвæццæгæн, уынгæ ницы кодта: æнæуынæрæй куыдта йæ зынгхуыст амондыл. Цас фæцарди, цас федта хъыгдзинæдтæ æмæ фыдбылызтæ, мæл«æт æмæ цæссыгтæ. Фæлæ уæддæр къам-исар афтæ кæугæ •иикуы ма федта, йæ зæрдæйы уынгæг йæхицæн дæр нал цыди, æмæ кæд йæ цæргæ-цæрæмбонты йæ цæстæй цæссьтг никуы æр- хауд, уæд сæ ныр нал баурæдта. Уайтагъд сæ хъуыды дæр .не ’ркодта. Сылгбймаг къопп фæстæмæ стъолыл æрæвæрдта. йе ’ргом къамисармæ раздæхта. — Зындзинадæн æз бафæраздзыиæн... Сахуыр ыл дæн, — дзырдта уый.-—Стæй æндæр цардмæ дæр нал æнхъæлмæ кæ- сын. Фæлæ дæ курып, зæропд мад æмæ йæ фыдæн ма ехъæр ’ 462
кæн. Уыдрн дæр æм æихъæлма* кæсынц æмæ, æвæццæгæн, цæр- гæ Дзер уыцы ныфсы руаджы кæнынц. Хæрзиуæг та... Лæппу куы бахъомыл уа, уæд æй уымæ ратдз’ынæн. Уадз æмæ йæ зо- ца, йæ фыдæй рох пæу... Бонтæ щддысты. Кировы ройоны æфсæддон къамисары æн- даор ранмæ аивтой кусынмæ. Стæй аст азы фæстæ кусын рай- дыдта Беслæны, Рахизфарсы районы æфсæДдон къамисарæй. Иу фæззыгон бон æфсæддон къамисариаты кæрты æрæмбырд сты, радон сидт кæмæ уыд, уыцы фæсивæд, Къамисар сæм мид- былхудгæ касти, семæ-иу аиыхæстæ кодта, чи-иу æй бафарста, уымæн бæстои дзуапп лæвæрдта. Æвиппайды йæ цæстæнгас яфынцад иу лæппуйыл. «Ацы лæппуйы кæмдæр федтоп. Уыцы цæсгом, уыцы уæпгты ахаст... Хорз зындгонд мьпГсты. Фæла* *ш у?» — ныхъхъуыды кодта къамисар. Стæй йæ зæрдæ пыс- сæххæтт лаСта — базыдта йæ. Йæ разы лæууыд Кцоиты Га- гуыдз, ссæдз азæй фылдæры размæ кæй зыдта, уыцы Гагуыдз Фæдзырдта лæппумæ.' - Кæй лæппу дæ? — Кцойты Гагуыдзы?.. Лæппу ницы æмбæрста, къамисар æй йæ хъа^бысы ’цæмæн ныккодта, уымæн. Дзуапп дæр ын куы нæма радта. Фæлæ къа- мисар æнæ лæппуйы дзуаппæй дæр зыдта — йæ разы лæууыд Кцойты Гагуыдзы фырт. Йæ фыды цæрмæстыгъд бакодта». Ех, Гагуыдз, иыр æй куы фенис, уæд куыд хъал уаис, куыд», — ахъуыды кодта къамисар æмæ йæ цæссыгтæ аньтхъуырдта. Йа^ цæстыты раз та æ’рлæууыдис йе ’рдхорды цард. Европæйы дыккаг фронт кæй -нæ уыди, уымæй папдагæн- 1æйæ, Германы фашистон командæгæчджытæ 1942 азы сæрцы æрбамбырд кодтой се ’ппæт тыхтæ æмæ советон-гермайнаг фроиты хуссар-хурныгуылæны æрæвæрдтой сгъау æмæ тых- джын æфсæддон къорд. Июны фæстаг бонты ныббырст рай- дайгæйæ, уыдонæн сæ зæрды уыди хæрз цыбыр рæстæгмæ Со- ветон Æфсады фронт ныддихтæ кæнын, Волгæйы былмæ бацæ- уын æмæ Сталинградмæ пыббырст саразгæйæ, Мæскуыйы Вол- гæйы фале æмсто Уралаж ахицæн кæнын, стæй уæд Советон Æф- сады сæйраг тыхтæ ныддæрæн кæнын, Мæскуыйы байсып æмæ уыцы аз хæст фæуын. Уыцы сæйраг ныббырстимæ иумæ гитлеронты зæрды уыднс Дыккаг ныббырст саразын дæр, цæмæй сæ къухы фыццаг ныб- бырст баххæст кæнын æнцондæрæй бафтыдаид, уый тыххæй. Сæ фæпд уыди Бакуйы районмæ ахизын æмæ дарддæр Фæскавказ зерцахсын, цæмæй советон сæйраг резервтæ уырдæм аиртæстаик- кой æмæ Мæскуыйы фронт слæмæгъ уыдаид. Сæ ньтмæц фылдæр кæй уыди, уымæй паида кæнгæйæ, немы- Ш
даг-фашистон æфсæдтæ дыууæ егъау къордæй бырстой Волгæ æм,æ Кавказмæ. Августы бонты немыцаг фаншсттæ Кавказы фронтæй Сталинграды фронтмæ акодтой танкты иу арми. Знаг куыд æнхъæл уыди, хæст афтæ нæ цыди. Æппæт фронтты дæр ын лæвæрд цыд ахъаззаг нышъуырд, бонæй-боямæ фашистон æфсæдтæн сæ хъару састи. Октябры кæрон Грознайырдæм цы немыцаг æфсæдтæ бырста, уыдонæн Дзæуджыхъæуы цур со- ветон æфсæдтæ ныккодтой бæрзæйсæттæн цæф æмæ уæд, сæ фæнд ныууадзгæйæ, фæстæмæ сæ фæд-сæ фæд алæбырдысты. Зын хæстытæ цыди Новороссийск æмæ Туапсейы ’рдыгæй. Знаджы 17 арми 19 августы бырсын райдыдта Новороссийскмæ æмæ йæ Юсентябры байста. Рацыди Туапсейы ’рдæм. Туапсе чл хъахъхъæдта, уыцы советон æфсæдтимæ уыди хистæр лейтенант Кцойты Гагуыдзы æфсæддон хай дæр. Хæст .не ’нцадис бон дæр æмæ ’хсæв дæр. Гагуыдзы æфсæддон хайы ныхмæ архайдта «СС» Дивизийы хæххон-алпиаг егерты полк. Не ’фсæдты хистæр фæсидти фæлтæрдджын, хъæбатыр афи- цер, лейтенант Кцойты Гагуыдзмæ. Уæдмæ уый уыди хъуыстгонд батальоны командир, æртæ ордены кавалерæй. — Ацы æнæном бæрзонд, — бацамыдта команднр къаранда- сæй картæмæ, — æлдариуæг кæны йæ алфæмбылæйттыЛ æмæ нæ фезмæлын нæ бауадздзæн, Æнæ райсгæ йын нæй. Ноджы ма немыцæгты фронт дыууæ дихы дæр фазкæндзыстæм. — Мæ бардзырдмæ гæсгæ дыууæ батальонæй арæзт æрцыд сæрмагонд къорд... Дæуæн хæс кæнын уыцы къордимæ бæрзонд райсын æмæ цалынмæ бырсын райдайæм, уæдмæ йæ нал суа- дз^н. — Хъусын, æмбал инæдар. Командæгæиæг рæвдаугæ худт бакоцтаæмæ Гагуыдзы уæхс- кыл йæ къух æрæвæрдта. Фæндыдис æй уымæн зæрдæбын ны- хæстæ зæгъын: зыдта, йæ уарзондæр афицертæй иу цавæр æвир- хъау хæс æххæст кæнынмæ цæуы, уый. ’ — Уæхи хъахъхъæнут, нырма нын бирæ хъуыддæгтæ кæни- наг ис... Сгарджытæ ма цалдæр къордьГарвитдзыстæм... Фæцагайдтой Гагуыдзæн йæ зæрдæ хистæр æмбалы ныхæс- тæ, æхсызгон ын уыдысты. Æмæ кæд зæгъгæ ницы кодта, уæд- дæр стыр разы уыди, ахæм бæрнон хæс ын йæ бæрны кæй бакод- той, уымæй. «Нæ фегад кæндзынæн советон хæстоны ном, цы- фæнды куы уа, уæддæр, — хъуыды кодта Гагуыдз. — Фæлæ цы- фæнды цæмæн хъуамæ уа? Нæ, хъуамæ мах куыд бафæнда, ал- цыдæр афтæ уа. Æндæр гæнæн нæй». Штабы цыдæрвддæр кар- тæтæ уыд, уыдонмæ Гагуыдз лæмбынæг фæкасти, командæгæиæг ын цы бæрзонд бацамыдта, уый алфæмбылæйттæн сæ алы ми- лиметр ’дæр ,дзы нæ аирвæзти. Стæй бацыди полчы командир- мæ. — Бар мын радт ахсæв сгарджытимæ ацæуынæн. ’ Командир æм бакаст. Гагуыдз бамбæрста, уымæн хъуыддаг 464
^мбæрстгонд у, уый, æмæ йын æхсызгон уыд-бирæ ныхас кæныи саз нæ бахъæудзæн. — Æцæг афтæ дзырдæй — немьщы хахмæ ды нæ бахиздзьг яæ, — загъта командир. — Куы бахъæуа, уæд сын фæлтау авто- матæй баххуыс кæндзынæ. Æрмæст уыцы æхсæв нæ, фæлæ ма дыккаг æхсæв дæр ацы- ци сгарджытимæ Гагуыдз. Се ’ппæтимæ ацæуын йæ къухы кæм бафтыдаид, цалдæр къордæй-иу уыцы иу афон ацыдысты. Инæ- л-ар куыд загъта, хъуыддаг æцæг афтæ рауади — немыцæн сæ быны дон бацыд. Иуæй сæхи сгарджыты архайдæй ницы уади, уайтагъд-му дæрæнгонд æрцыдыстьь иннæмæй та мах сгарджы- хæ афтæ бирæ уыдысты æмæ знагæн йæ сæр йæ кой скодтой. Æппæт къордтæ цы зонæнтæ æрæмбырд кодтой, уыдонмæ пол- чы командир æмæ сæрмагонд къорды командир (уæдмæ уы- цы къорд дыууæ батальонæй арæзт æрцыд) Кдойты Гагуыдз лæмбынæг æркастысты. Фæстагмæ Гагуыдз загъта: — Бæрзондæй галиуæрдæмдæр немыцы фронты ис иу лæ- мæгъ бынат, дыууæ æфсæддон хайы æхсæн. Рахизырдыгæй дæр ис, фæлæ уый бæрзондмæ æгæр дард у. Мæнмæ гæсгæ уыр- дæм бацæуын хъæуы æнæсыбырттæй, стæй уыцы лæмæгъ бы- нат уыцы иу цæф ныккæн æмæ уайтагъд бæрзондмæ бырсын райдай. Йæ бацæуæнтæ уыцырдыгæй хуыздæр сты. Полчы командир исдуг ницы дзырдта! Ахæм хъуыдда- джы тагъд кæнын нæ уарзта, йæ ныхас-иу афтæ уыд: авд хат- ты абар æм,æ иу хатт скæрд. Стæй йæ фæсхъус аныхта æмæ загъта: -— Кæм зæгъыс, уым куы бахизай дæ къордимæ, уæд дæ сæйраг хъавд сараз рахиз флангмæ æмæ цæв немыцæгты, бæр- зонды фæстæмæ сæ атæрын хъæуы, кæннод дæ уавæр зындæр уыдзæн. — Мæхи зæрды дæр афтæ ис. Къорды ацæуыны размæ дæр ма Гагуыдз лæмбынæг фæ- тæрхæттæ кодта полчы командиримæ, стæй æмбисæхсæв сæр- магонд къорд, йæ сæргъы хистæр лейтенант Кцойты Гагуыдз, афтæмæй арасти бæрнон хæс æххæст кæнынмæ, хъазуат тохмæ. Хуссайраг æхсæв уыди мæйдар. Æрмæст арвыл цавæрдæр «нахуыр рухс фæйлауæгау кодта. Стæмранæй арвыл цъæхго- мау уазалхуыз стъалытæ æрттывтой удаистхуызæй, цыма хæс- ты æвирхъау уынæрæй фæтарстысты» уыйау. Немыцаг æфсæд- ты позицитæй хаттæй-хатт автоматты æмæ пулеметты къæр- къæр хъуысти, дымгæ йæ уыцы бæлвырдæй хаста/ Гагуыдз æй йæхæдæг куыд сбæлвырд кодта, стæй йæ сгарджытæ куыд Дзырдтой, афтæмæй гæрæхтæ хъуысыдысты, немыц лæмæгъдæр кæм уыдысты, уыцырдыгæй. Командиры дзырдмæ гæсгæ отряд цыди æнæсыбырттæй. Гагуыдз цалдæр хатты йæхи , фæиуварс кодта æмæ-иу касти, æфсæддонтæ æхсæвы таримæ куыд баныхæстысты, уымæ æмæ 30* 465
нæ зæрдæ уыди æнщад. Немыцы позицитæм ха^рзхæстæг куь^ бацыдысты, уæд отряд æрхуыссыд. Гагуыдз бабырыд йæ г.алиу флангмæ æмæ ссардта взводы командиры. , — Фынддæс м»инуты фæстæ райдайдзынæ размæ бырсын^ Сыбыртт дæр нæ, цалынмæ ам хæст самайæм, уæдмæ. Стæк уæд —уыцы иу зылд бæрзæндмæ æм-æ минут дæр уæ цыдæй ма бафæстиат ут. — Хорз... Гагуыдз взводы фæстæ æдзынæг хъуыста. Немыцы пози- циты ’рдыгæй сыбыртт дæр нæ хъуысти. Сахатмæ æркасти æмæ бæрæг афон куы ’рцыд, уæд дзырд радта æмæ ма отрядæй чи баззад, уыдон рахизырдæм сæхи фæкодтой æмæ бырсьгн рай- дыдтой. Сабырæй цæуын сæ къухы бирæ нæ бафтыд. Уайтагъд гæрæхтæ стынг сты, кæцæй цыдысты, уый бæрæг дæр нал уы- ди. Отряд бырста тагъд æмæ æнæкъыулымпыйæ. Гагуыдзы фæнд раст рауади: дыууæ <немыцаг æфсæддон хайы æхсæи цы чысыл бынат баззад, уый æххæст фидаргонд не ’рцыд, æфсæд- тæ дæр дзы уыйас бирæ нæ уыд. Æвиппайды ныббырстæй ме~ мыцæгтæ æддæг-мидæг ауадысты. Афтæмæй сæм акъоппытæм бахæццæ сты мах æфсæддонтæ. Гагуыдз .акъопмæ куы ныггæпп ласта, уæд уайтагъд йæ раз- мæ фæци къамбецы йас дынджыр немыцаг. Йæ хæцæнгарз фæ-, царазын дæр йæ къухы нал бафтыд, афтæ йæ «хъихъ» фæцыд æмæ дæлгоммæ ахаудта. Акъоппыты хæст уайтагъд фæци æмæ Гагуыдзы отряд йæ ных бæрзондырдæм сарæзта. Фæлæ хæстонтæн т’æккæ зындæр уыди бæрзонд райсын. Не- мыц æй афтæ æрфидар кодтой æмæ дзы, æвæццæгæн, пулеметтæ æмæ минометтæй къух бакæнæн дæр нæ уыди. Отряды дыу’уæ хайы дæр æм бацыдысты уыцы иу рæ’стæг. Базонæн нæ уыди,, йæ бацæуæнтæ’ кæцырдыгæй æнцондæр уыдысты, уымæн. Га- гуыдз æмбæрста, отрядцы зыл уавæры ис, уый. Фæлæ бæрзонд- æн æнæ исгæ дæр нæ уыд. Арв скæсæнырдыгæй фæхъулон, афтæ бæрзонд ,немыцаг-фа Ш1Истон æфсæдтæй сыгъдæггонд æрцыд. Кæд отряды ныббырст æвиппайды хъуыддаг уыди етæ хæст бирæ нæ ахаста, уæддæр æфсæддонтæй бярæтæ хæсты быдьцэы баззадысты. Бон куы ’рба- рухс, уæд Га,гуыдз уыцы хабар бамЪæрста, фæлæ ма йын цы га^- нæн уыд: бæрзонд æрфидар хъуыди, цалынмæ пæх,и æфсæдта) бырсын нæ райдыдтой, уæдмæ йын знагæн ницы хуызы радтæн уыди. Аходæиафон нæма уыди, афтæ немыц бæрзонд æхсын рай- дыдтой минаметтæй. Цыма къæвдайы ставд æртæхтæ доны ха- уынц, уыйау минæтæ хаудысты бæрзондыл æмæ се ’срæмыгъды уынæр хъустæ æмыр кодта. Зын равзарæн уыд, кæцæй æхсынц æмæ куыд æхсынц, уый, уымæн æмæ бæрзонды зæххæй иу метр дæр æнæминæ сæмбæлгæ 1нæ фæци. Афтæ ахаста дыууæ сахаты бæрц, стæй мшюметтæ банцадьгсты. 466
Гагуыдз йæ рыгтæ ацагъта æмæ цы зиантæ æрцыд, уый сбæлвырд кæныны тыххæй дзырд радта. Фæлæ дзырд сæххæ’ст кæнын сæ къухы нæ бафтыд. Цæгатырдыгæй фæзындис æ{*тæ немыцаг хæдтæха>джы. Уыдон сæхи сарæзтой обаумæ æмæ,<куыд- дæр йæ сæрм.æ æрбахæццæ стьт, афтæ йыл бомбæтæ æрæппæрс- той. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ бæрзондмæ бырсы-н райдыд- той фашисттæ иу ротæйы бæрцæй. Уыди хъар.м фæззыгон бои, фæлæ хæсты карзы хуры цæст нæ зынди, стæй уымæ кæсынмæ кæй .æвдæлди. , Немыцæгтæ æхсты бæрц куы, рбахæстæг сты, уæд суынæр- гъыдтой нæ пулеметтæ æмæ автоматтæ. Фæлæ хæст ууыл нæ фæ- ци. Гæрæхтæ дыууæрдыгæй дæр тьшгæй тынгдæр кодтой æмæ ма фæстагмæ немыцæй хæрз чьгсыл >къорд аирвæзти. Нæ ахицæн фьщцаг бон ууыл, немыц ма цалдæр хатты афæл- вæрдтой бæрзондмæ балæбурын, фæлæ та-иу быдырты сæ мæрд- тæ пыууадзгæйæ, фæстæмæ алæууыдысты. Стæй æрлæууыл дьгккаг бон. Ныр æхстой æрмæсг минометтæй нæ, фæлæ сарма- дзантæй дæр. Цалдæр хатты та æр’батахтысты знаджы хæдтæх- джытæ æмæ та нынкъуысыди бæрзонд. Фæлæ та немыцаг æфсæдтæ бырсын куы райдыдтой, уæд та сыл ж ’фсæддонты нæмгуытæ ихуарæгау кодтой. Сихор афон сбæрæг ис: отрядæй бирæтæ фæхъуыдысты, чи ма дзы баззад, уыдон цæмæй хæцыдаиккой, уый нал баззад. Фæлæ сæ уæддæр алчи дæр зыдта — бæрзондæн радтæннæй, ца- лынмæ нæхионтæ æрбацæуой, уæдмæ фидар лæууын хъæуы. — Æртыккаг бонмæ отрядæй баззади æрмæст цалдæр адæй- маджьь уыдон дæр цæфтæй. Цалдæр цæфы фæци отряды коман- дир Кцойты Гагуыдз дæр. Тугæйдзаг дзаумæттæ цæфтыл ныхъ- хъæбæр сты. Иу афон махуæттæ размæ абырстой. Гагуыдзы чи- дæр систа зæххæй, йæ цæстытæ куы байгом кодта, уæд æм бахудти... Кцойты Г^гуыдз бирæ фæци госпиталы, цалынмæ йæ бирæ цæфтæ сдзæбæх сты. Стæй æртæ ордены кавалер сси кæстæр лейтенанттæцæттæгæнæн скъолайы хицау. Фæлтæрдджын афи- цер хæсвд дæсныйадыл ахуыр кодта фидæны (командирты. Фæлæ^ йæ’ зæрдæ æнцад нæ уыди: Советон жфсæдтæ райдыдтой быр- сын, фыдызнаг тард цыдис Райгуырæн зæххæй. Кæй нæ фæнды- Ди уыцы егъау тохы уæвын. Æмæ та Гагуыдз дæр ацыди фронт- мæ. 1944 азы уалдзæджы Советон æфсæдтæ бабырстой Хъырьгм- мæ. Уым къæппæджы бахаудта немыцаг 17 арми æмæ йæ <не ,фсæдтæ дæрæн кæнын райдыдтой. Советон хъæбатырты æм- рæнхъ хæцыд’и Кцойты Гагуыдз дæр. Фæлæ йæ къухьг фенын 467
нал бафтыд феньш, ’нæ Райгуырæн бæстæ фашистон цъаммар- тæй сыгъддæггонд куыд æрцыди, уый. Хъырымы карз хæстыты уйы йæ цард æнæвгъау радта йæ уарзон адæмы ■сæрашгонд. Уыцы тохты дæр куыд хъæбатыр разынди Гагуыдз, уымæн хорз æвдисæн у, йæ бинонтæн ын цы кадджын хæрзиуæг сæрвыстой, уый... Æфсæддон къамисарæн æппæт уыдæттæ йæ зæрдыл æдзух- дæр лæууынц. Никуы дзы рох кæны’, Туапсейы цур ирон лæг цы хъæбатырдзинад равдыста, уый. Уымæн йæ алы туджы æртах дæр советон æфсæдтæн ахъаз уыди размæ бырсынæн, знаджы дæрæн кæнынæн. Гъе, -ахæм удыхъæдджын уыди Кцойты Гагуыдз æмæ, гъе, уымæн фидарæй баззади йæ уарзон адæмы зæрдæйы. «Дæ ном æмæ дæ кад мыггагмæ ч сты цæринаг», — фæзæгъы æдзухдæр къамисар йе ’рдхорды цард мысгæйæ.
Асаты Реуаз КÆМ СТУТ, МÆ ХÆСТОН ÆМБÆЛТТÆ? Зынаргъ æмбал редак.тор! Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы фæцис, уæдæй фæстæм•& хъавыдтæн мæ хæстон æмбæлтты тыххæй ныффыссын. Фæлæ тарстæн, зæгъын, искæй зæрдæйы хъæдгæмттæ ногæй куы фæцагайон, искæй зæрдæ куы фæриссын кæнон... Æмæ, уæдæ, мæ хъуыдытæ мæ риуы кæдмæ хъуамæ ахстон кæной, мæнæи дæр мæ зæрдæ «фыды муры йедтæмæ» куы ницы у. «Мæнæы дæр мæ фæрстæ куынæ сты æндонæй». Æмæ ны’р сфæнд кодтон мæ хъыг, мæ маст фергом кæ’нын. Хæсты рæстæджы тох кодтон Кубаны. Мемæ уыд ирон лæппута? куыд Хуссар, афтæ Цæгат Ирыстонæй дæр. Уыдон бирæ нæ уы- дысты æмæ сæ нырма дæр хорз хъуыды кæнын. Хуссайраг ирæт- тæйсæрæгасæй чи ’æрæздæхт, уыдоныл арæх æмбæлын (сæ иу- имæ дзы тæккæдæр дысон æрымысыдыстæм нæ хæстон æмбæлт- ты), фæлæ мæ дзырды сæр у ме ’мтуг, ме ’мыстæг, ме ’мирон цæ<гатта1Г æрдхæрдтыл. Хуымæллæджы дæры мæ фыды ’фсымæр Асаты Иуане. Уы- донмæ цалдæр азы размæ уазæгуаты уыддæн æмæ мæ зæрдыл, алы хаттау, æрлæууыд иу хабар. Уыдис 1943 азы марты мæйы. Кра-снодары крайы станицæ Кримскаямæ (ныртæккæ горæт у) куы бырстам, уæд мæ фарсмæ немыцаг -минæйæ мард фæцис капитан Кцойты Аслæмæзы фырт Харитъон. Тынг хæлæрттæ уыдыстæм æмæ афтæ бадзырдтам, кæд нæ исчи фæцæф уа (цы нæвæййы хæсты быдыры), уæд иннæ ныффыссæд зынгхуыст æрдхорды бинонтæм. Хъуыды ма кæнын, знонау, Харитъон мын- дзырдта, Хуымæллæджы хъæуккаг кæй уыд, уый. Йæ хо (Верæ 469
хъуамæ хуындаид, кæд нæ рæдийын, уæд) арæх фыста*йа* уар- зон æфсымæрмæ фронтмæ. Æмæ йын фæстаг фыстæджы уай- дзæфтæ дæр кодта: — Дæ хорзæхæй, Хадо, дæуы йедтæмæ хæсты ничи ис? Иу- дыууæ дзырды фыссьш дæ,м цас диссаг фæкастис?.. Цы зыдта, мæгуырæг, хабарæн уарзон хо? Ме ’рдхорд, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ фæстаг фыстæг нал райста. Райстон æй æз æмæ хойы «уайдзæфтæ» куы кастæн, уæд мæ зæрдар суын- гæг æмæ мæ цæссыгтæ нал баурæдтон. Би-рæ рахъуыды-бахъуы- дыйæн рæстæг нæ уыд æмæ Харитъоны дзуапп ныффыстон йæ хомæ. Фыстон æм уырыссагау, мæ фыстæг искуы куы фесæфа, уымæй тæрсæгау. Бæргæ зын у ’йæ зæгъын ацы æвирхъау уацæы, фæлæ де ’фсымæр (æнхъæл дæн, иунæг хо æмæ æфсымæр уыды- сты) хъæбатырæй мард фæцис тохы быдыры æмæ йæм æнхъæл- мæ мауал кæс... Кæд мæ уый бæсты æфсымæрæн саккаг кæнай æмæ, зæгъын, кæд удыгасæ’й æрыздæхон хæстæй, уæд Хуымæл- лæгмæ æрцæудзынæн искуы... ...Хæст раджы бамыр, раджы систа йæ уд. Æмæ, дын, 196] азы сентябры фыццаг бокты зилын Хуымæллæджы даргъ уынг- ты. Уым, æцæгдæр, цæрынц Кцойтæ. Зилын сыл хæдзари-хæ- дзар. Мæ фыды ’фсымæр дæр мемæ. Иу ран мыл æххæст æу- уæндгæ дæр нæ бакодтой. Иу ус мьщ бустæгæнæгау афтæ зæ- гъы: ~ Ау, кæд ахæм хабар уыд, уæд нырмæ’ кæм уыддæ, зæгъ- гæ. Бацамыдтой мьгн хъæуæн хурыскæсæм кæрон доны былыл иу хæдзармæ. — Уазæг хуыцауы уазæг, мидæмæ! — зæрдæхæлæрæй мæм радзырдта саугуырм зæронд лæг. Ныхас дардыл у. Фæлæ мæм къуымæй рахæссын кодта, хæстæй сын цы фырт нал сыздæхг,, уый къам. Хæсты размæ, дам, трактористæй куыста,—уый дæр Кцойты Хадо хуындис. — Нæй, уыйдæр та нæу—мæ сæр банкъуыстон æ,нæдзургæ- йæ, стæй хатыр ракуы-рдтон зæронд лæгæй æмæ рацыддæн. Ме ’рдхорд хæсты размæ ахуыргæнæгæй куыста, уый фидарæй зыд* тон, фæлæ хъыгагæн, никæй ссардтон мæ хæлар Кцойты Хари- тъоны бинонтæй æмæ хæстæджытæй. Уæд мæ фыд æмæ ме ’фсымæримæ араст стæм мæ тохы фæн- дагыл —■ фæзылдыстæм Кубаны æгæрон быдыртыл. Зын уыди. иттæг зын уыд уьщы уæззау бонтæ мысын мæхи къухæй ме ’мгары кæм ныгæдтон, уым ныр сыр-сыр кодтой æрдхæрæны кубайнаг пугрихи зад мæнæуы бур-бурид æфсиртæ! Хæсты фæстæ нæ хæстонты мæрдтæ скъахтой æмæ сæ æфсы- !мæрон ингæны иумæ бавæрдтой. Уый, раст зæгъын хъæуы, иуæр- дыгæи мæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Мæн фæндыд, мæхи къухæй цы хæстои æфсымæрты баныгæдтон, уыдоныл фæхъынцъым кæньш, 470
я’.мæ: чизоны, фæйнæ сыгъдæг цæссыджы дæр æрыппарын (мæн- мæ гæсгæ, уым пессимизмæй шшы ис)/ Нал ссардтонуым Кцойты Харитъоны уæлмæрд дæр. Зæрдæ- гынгдæр срыст. Мемæ хъыг кодта мæ зæронд фыд, мæт кодта л1æ кæстæр æфсымæр, йæ «Победæйыл» мæ Кубаны быдыртычи ’рзилын кодта, уый дæр. / ’ Нæ 61-æм Сырхтырысаджын, Ленин æмæ Суворовы орден- джын дивизийы 221 æхсæг полчы хæцыдис 'Цæгатираг æвзонг лæпшу лейтенант (Бырнацты Алыксавдыр хъуамæ хуындаид). Уый дæр 1943 азы марты мæйы, станицæ Абинскаямæ ныббыр- сыны рæстæджы хъæбатырæй мард фæцис тохы быдыры Крас- лодар — Новороссийскы æфсæнвæндагыл. Уыцы æвирхъау ха- бар мæхи цæстæй нæ федтон, фæлæ >мæм æй полчы штабмæ фе- хъусын кодтой. Гъе, æмæ стыр курæг дæн чиныажæсджытæй, кæд ацы лæп- путы бинонтæй искæй зонынц, уæд мæм сæ адрестæ ныффысæнт. Кæд сæ бинонтæй, сæ хæстæджытæй исчи ис, уæд мæм фæхабар кæнæнт, сæхи бацамонæнт. Мæхæдæг знаджы сармадзанæй уæззау дæф фæдæн 1943 азы 1-аг августы станицæтæ Крымская æмæ* Молдаванская, яæгъгæ, уыдон æхсæн иу æрхы хутор Свободкæйы хъæугæро^. Афтæмæй бахаудтæн нæ лолчы санитарон хайы хистæр, ирои дохтыр капитан Тæтæриты Мæхæмæтмæ. Уый мын мæ къухта» æмæ мæ къæхты уæззау хъæдгæмттæ ныссыгъдæг кодта, бабас- та мын сæ æмæ мæ дыккаг райсом æхсæвькцъæхæй арвыста быдырон госпиталмæ. Æмæ дыоон цы æмхæстон лæппулæджимæ (Бекъойты Гаврил) ныхас кодтам, уый зæгъы, зæгъгæ, Тæтæри- ты Мæхæмæт удæгасæй ’рыздæхт хæстæй æмæ кæмдæр Цæгат Ирыстоны кусы. — Кæм дæ, цы фæдæ, мæ хорз хæлар æмæ æрдхорд, мæ нрвæзынгæнæг, Мæхæмæт? Иу-дыууæ дзырды афыссынмæ ма фæзивæг кæн. Дæ хуссайраг æфсымæртæ, дæ хæстон æмгæрттæ дæ уындмæ куыд бæллцнц, уый куы зонис! Цхъалтубойы (ныртæккæ дзы ис бæстæйы зынгæ курорт) æф- сæддон госпиталы сæмбæлттæн дьигураг хæрз æвзонг Гецаты Хъазбегыл. Уымæн йæ къах пырх уыд æмæ йьш æй, гангренсР йыл куы фæзына, уымæй тæрсгæйæ, дохтыртæ дыууæ хатты алыг кодтой. Хъазбег сдзæ(бæх æмæ ацыд Дыгурмæ (æнхъæл Дæн, Первомайская уыд ’йæ уынг).
Плиты Илья ФÆСИВÆДЫ ХЪОМЫЛГÆНÆГ Иу бон историйы ахуыргæнæг дæсæм къласы ахуыргæнина- гæи йæ ныййарджытæм арвыста, исчи ма уæ скъоламæ ссæуæд, зæгъгæ. Уыцы бон изæрæй ахуыргæнинаджы фыд ссыди скъоламæ, æмæ йæм чи фæдзырдта, уыцы ахуыргæнæджы цур, стъолы фарсмæ æрбадтис. — Сывæллоны тыххæй дæм фæдзырдтон, — комкоммæ рап- дыдта дзурын ахуыргæнæг. — Цæвиттон, фæстаг рæстæджы дæ сывæллон историйæ фæстийæ зайын байдыдта, æмæ йæм фæкæс, уавæртæ йын сараз ахуыркæнынæн, цæмæй рауагъдадон экза- ментæм йæхи хорз бацæттæ «æна. Æз дæр ын мæхирдыгæй баххуыокæндзынæн. йæ бон ахуыр кæнын у, — йæ ныхасмæ ма бафтыдта ахуыргæнæг. — Хорз, дæ ръш бахæрон, цы мæ бон уа, уый (Сараздзынæн,— загъта ныййарæг æмæ, ахуыргашæг сывæллоныл кæй ауды, йа> дзæбæх æй кæй фæнды, уый тыххæй йын бузныг, зæгъгæ, загъ- та æмæ рацыди. ■ Дыккаг бон ахуыргæнæг бæзджын сырх цъар чиныг æрхас- та æмæ йæ уыцы ахуыргæнинагмæ йе ’мбæлтты цур, зына-нæ- зыиа мидбылхудгæ радта. Йæхи чи батыхсын кæна ахуыры мидæг, ахæм нæ дæ, фæлæ дын мæнæ чиныг æмæ хорз сахуыр кæн æрмат, цæмæй экзамеп- тæм æдзæттæйæ ма бацæуай. Ахуыргæнинаг йæ ахуыргæнæджы фæдзæхст йæ зæрдыл даргæйæ, йæхи бацæттæ кодта, æмæ канд историйæ нæ, фæлæ ма æндæр предметтæй дæр хорз нысæнттæ райста. Æмæ иу мæ ’йыфæстæ та экзаментæ ’лæвæрдта Хуссар Ирыстоны паддзаха- 472
дон педагогон институты историон факультетмæ. Ам дæр хорз нысæнттæ райста æмæ йæ фыццаг курсы сбадын кодтой. «Иæхи чи батыхсын кæна, ах^ем нæ дæ» — ахуыргæнина- гæ’й ныр дæр нæ рох кæнынц йæ уарзон ахуыргæнæджы хъазæп ныхæстæ. Ныртæккæ цы ахуыргæнæджы кой кæнæм, уый у Цхинвалы №2 астæуккаг скъолайы историйы ахуыргæнæг Куымæридтаты Хъырым (Кирил Николаевич æй хонынц). Цы сывæллопы фыд- мæ фæдзырдта, уымæн та Хъырымы мад уыдис йæ фыццаг ахуыргæнæг. Уæдæ афтæ: Хъырым æмæ йæ мад сты уыцы ныййарæгæч дæр æмæ йæ сывæллонæн дæр сæ ахуыргæнджытæ — хъомыл- гæнджытæ! Цы ма уа уымæй интересондæр царды мидæг?! Куымæридтаты Хъырым райгуырдис 1919 азы Дзауы райо- ны, Безанты хъæуы. Йæ фыд раджы амарднс æмæ хъомыл кодта йæ мад Санахъоты Машойы цæгаты — Дзауы хъæуы. Райдиан скъолайы дæр Дзауы хъæуы ахуыр кодта. 1932 азы каст фæцн Дзауы хъæууон фæсивæды скъола (ШКМ) æмæ 1938 а?ы та Цхинвалы педтехникум. Уыцы аз фæззæджы ахуыркæнынма’- ацыд Севастополы æфсæддон артиллерион ахуыргæнæндонмæ. Каст æй фæци 1940 азы æмæ службæ .кодта Советон Æфсады. Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Куымæридтаты Хъырым æрлæууыдис Райгуырæн бæстæйы хъахъæнджыты æм- рæнхъ æмæ æнауæрдонæй тох кодта, Советон адæмы сабыр цард чи фехæлдта,уыцы цыфыддæр знæгтæ:— немы(цаг фашист^ьшых- мæ. Хайад иста Хуссар ныгуылæн æмæ 2-аг Украинаг фронттьк Службæ кодта зенитсн артиллерийы, уыди лейтенант æмæ ко- мандæ кодта взводыл. Иæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ коман- дæкæнынад бирæ хæттыты бавдыста хорзæхтæ райсынмæ. Черкасскы Сырхтырысаджын 38 артиллерион зенитон диви- зийы командир булкъон Родин Куымæридтаты Хъырымы тых- хæй фыста: «Будапешты горæты уынгты" ныхмæлæууæджы æрхъулагонд къордты ликвидаци кæныныл карз тохтæ куы цыдис, уæд равды- ста лæджыгъæд æмæ æхсардзинад, йе ’взводимæ ныхмæлæууæ- джы 2 контратакæйы фæстæмæ аппæрста, æмæ йын йæ удæгас тыхтæн ракодта стыр зиæнттæ. Лейтенаит Куымæридтайы фырт 4 боны тохты рæстæджьк взводыл камандæкæнгæйæ, скуынæг кодта 1 бронетраншортер, 1 склад æдхæцæнгæрзтæ, 7 æхсæн тæппы, 90 салдат æмæ афице- ры. 1945 азы январы фæцæфис. Аккаг у райса хицауадон хорзæх — «Фыдыбæстæйон хæсты>^ фыццаг къæлхæны орден. Æмæ уыцы кады орден йæ риуыл бакодта Куымæридтаты Хъырым. т
Мæнæ кæсæм æпдæр документ: Будашешты Богдан Хмель- лицкийы орденджын 9 артиллерион-зенитон дивизийы командир булкъон Полицкийы бардзырд: «1945 азы январы мæйы гор. Пешты районы ныхмæлæууаг джы авиаци бомбæтæ куы калдта, уæд лейтенант Куымæридта- йы фырт равдыста стыр лæджыгъæд æмæ хъæбатырдзинад. 1945 азы 4 январы лейтенант Куымæридтайы фырты батарея пыхмæлæууæджы ав.иацийы стыр къорды размæбырст баурæдта, æмæ, кæдлейтенант Куымæридтайы фырт бомбайь! схъисæй фæ- цæфис, уæддæр тохы быдырæй нæ ацыдис, йæ батареяйыл ко- мандæ кодта, вфтæмæй æрæппæрста ныхмæлæууæджы æрт:г хæдтæхæджы, уый фæрцы нæ артиллери, йæхи баууол кæныиы фæстæ, æнтысгæйæ сæххæст кодта йæ хæс, ныхмæлæууæджы контратакæтæ фæстæмæ кæй аппæрста, уыцы хъуыддаджы. Лейтепант Куымæридтайы фырт ’аккаг у райса паддзахадои лорзæх — «Сырх Стъалыйы» орден. Куымæридтаты Хъырьщ йæхи цæвиттонæй разæигард код- тайæ хæстонты, ахуыр сæ кодта æфсæддол дæсныйадыл æмæ-иу тохы быдырæй кæддæриддæр рацыдысты уæлахизæй. 1945 азы уалдзæджы йе ’взводы хæстонтæ Дунайы фурды сæрты кæй ахызтысты, доны фаллаг фарсæй немыцæгты кæи фæсырдтой æмæ не ’фсæдтæн размæ абырсыны фадат кæй фæ- цис, уый тыххæй хистæр лейтенантКуымæридтатыХъырым дык- каг хатт хорзæхджын æрцыдис «Сы«рх . Стъалыйы» ордеиæм, нвмæ уый фæстæ тохты рæстæджы та дыууæ майданæй. Куымæридтайы фырты зенитон артиллерийы взводы хæстон- тæ знаджы хæдтæхджытæ’й æрæппæрстой 15. 1946 азы онг Хъырым службæ кодта Советон Æфсады, стæи æрæздæхтис йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Фæсаууонмæ ахуыр кодта Цхинвалы педагогон институты, стæй уырдытæй а»цыд Цæгат Ирыстоны педатогон институтмæ, ахуыр кодта историон фа,культеты æмæ йæ каст фæци 1951 азы. Уæдæй фæстæмæ кусы Цхинвалы горæты №2 астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй. Зын у ахуыргæнæджы куыст. Алкæмæн йæ бон нæу ахуыр- гæнæг суæвын. Æмæ дзырд Хъырымыл куы цæуа, уæд афтæ зæгъæн :ис: Хъырым цы коллективы кусы, уым ын стыр кад кæ- •ньШ’Ц. Уый тыххæй æмæ уьгй хъæппæрисон куысты фæрцы, ал- фарсон æгъдауæй ахуыр кæны сывæллæтты, у культурон адæй- маг, зæрдæхæлар! Уьгй у хорз ахуыргæнæг дæр æмæ хорз психо лог дæр. Алы сывæллонæн дæр ахуыр кæны йæ миддуне, йæ ха- рактер. Хъырым зоны, канд педагогон ахуырдзинад фаг кæп нæу, фæлæ ахуыргæнæг хъуамæ уарза сывæллæтты æмæ йæ про- фесси дæр. — Зивæггæнаг цард никуы ссардзæн, кусын чи уарзы, уын та ^æддæриддæр царды хицау йæхæдæг у, — афтæ амоны Хъы- рым ахуыргæнинæгтæн а&мæ сæ-разæнгард кæны ахуырмæ,цæ- 474
]\<æй фæллойкæнын уарзой æмæ сæхиуыл фылдæр кусой. Рай- гуырæн бæстæйæн аккаг хъæбултæ суой. Хъырым Советон Æфсады афицер уыдис, уым сахуыри фæтк æмæ æгъдауыл, рæстдзинадыл. Уыцы М’иниуджытæ йын сбæззыдысты йæ куысты. Ис æм оргаиизаторон æвзыгъддзинæд- Тав. Уый у историк, уарзы йæ лрофесои, æмæ йæ уарзын кæны, кæй ахуыр кæны, уыдонæн Дæр. 1Ды ис уымæй хуыздæр, æмæ ахуыргæнинæгтæ сæ уарзон ахуыр’гæнæджы алыварс куы ’бам- бырд вæййынц æмæ зæрдиагæй куы фæхъусынц йæ алы дзырд- мæ дæр. Тæхудиаг у Хъырым, ахæм щардæфсæст фæсивæдимæ чи кусы, уыдон чи хъомыл кæны. Уый арæх исы фыстæджытæ, йæ къухы скъола .каст чи фæцис, уыдонæй. Ныр уыдонæй бирæ- тæ оисты инженертæ, ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, ахуыргæндта». Æмæ сæ куыд буц у Хъырым, цыма йæхи хъæбултæ сты, уыйау, сæ йæ зæрдæ рухс кæны, æхсызгон ын у се ’нтыст. Кадджын у ахуыргæнæджы куыст, стыр у йæ ном, æмæ цытджьщæй хæссы уыцы уарзон ном Куымæридтаты Хъырым дæр.
Цхуырбаты Ивач ПОЛЧЫ КЪАМИСАР Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæг майор Къа- цты Ильяйы фырт Ленто райгуырд 1902 азы Знауыры районы Уахтъанайы хъæуы зязхкусæджы хæдзары. Ленто каст фæцис Уахтъанайы райдиан скъола, уый фæстæ та ахуыр кодтаЦхин- валыэæхкусæНфæсйвæды а&уьиргæнæндрны. 1923 азы Къацт’ы Л’. каст фæцис культурон фронты кусджыты курсытæ Тбилисыг Уым ма 1934 азы .каст фæцис æфсæнвæидаджы кусфак. Уый фæ- стæ дыууæ азы бæрц ,куыста Фæскавказы шаддзахадон органты æмæ фæсаууонмæ та ахуы-р кодта Цхинвалы ахуыргæнджыты институты. 1938 азы Къацты Ленто раразмæгонд æрцыдис партион куы- стмæ Гуырдзыстоны КП Хуссар Ирыстоны аппаратмæ, уыцы аз æй Знауыры партион срганизацийы конференци сæвзæрст^ райкомы фыццаг секретарæ’й. Фæлæ хæст фадат нал радта Къа- цы фыртæн йæ ахуыр фæуынæн æмæ 1941 азы июны бацыдис Мæскуыйы В. И. Ленины номыл Æфсæддон-политикон акаде- мимæ æмæ æртæ мæйы фæстæ батальоны къамисары чин райс- гæйæ, нысан æрцыд Волховы фронты Нбæхсæг полчы къамиса- рæй. Æвæлтæрд хæстон уæвгæйæ, уыцы стыр бынаты Лентойæч бантыстис полчы коммунистты æмæ фæскомцæдисонты ’хсæн стыр политикон-хъомыладон куыст рапарахат кæнын. Къацы фырт цалдæр хатты ивд æрцыд ног полктæм къамие- арæй æмæ-иу ын алы хатт дæр æнтыст хæстонты ’хсæн полити- кои куыст æмбæлон æмвæзадыл æрывæрын, тохы цæхæры дæр архайдта партион организациты рæзт æмæ фидар кæныныл. 476
Ленто канд æвзыгъд политикон кусæг нæ уыд, фæлæ ма тохы быдыры дæр йæхи æвдыста цæвиттойнаг командирæй. Бирæ хæттыты, хъæбатыр ирон къамисары фæстæ хæстонтæ хъазуатæй бырстой джебогъон тохы, фашистты рæмпъузгæйæ. Иу ахæм тохы фæстæ, 1941 азы декабры Къацы фырт хорзæх- джьгн æрцыд «Сырх Тырысайы» орденæй. Лентойы полк активон хайад райста.горæт Орелы гатлерон- тæй ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Уым Къацы фыртæн хæс- гонд уыд полчы æртыккаг батальоыы сæргълæудæй горæты ас- тæу сæйраг хид бацахсын, хæстонтæ уайтагъд бабырстой хидмæ, фæлæ сын знаг сæ ныхмæ æрбакалдта бирæ тыхтæ æмæ фæстæ- мæ ралæууыдысты, уыцы тохты Ленто æмæ йæ хæстонтæ скуы- нæг кодтой æртæсæдæ фашистон салдаты. Днепры рахисфарс плацдарм æрцахсын æмæ’ рауæрæх каг нынæн сæйраг командæкæнынад лæвæрдта стыр нысавиуæг, Уы- цы ахсджиаг тохы Къацты Л. И. йæхи куыд хъæбатырæй равды- ста, уый тыххæй йæ полчы командир фыста: «Немыцагтыхæй- исджытæ Днепры рахизфарс Яновæйы цуо плацдаом рауæоæх кæнынæн тохты æмбал Къацы фырт равдыста æнæбасæтгæ хъæ- батырдзинад. Цыдис баталонты хæстонты разæй, йæхæдæгхайад иста æмæ разамынд лæвæрдта знаджы къонтратакæты авд хат- ты фæстæмæ æппарыны тохтæн. йæхи цæвиттонæй разæнгаря кодта салдæтты æмæ афицерты хæстон хæслæвæрд æххæсткæ- нынмæ. Коммунисттæ æмæ фæскомцæдисонтæ Лентойы сæргъ- лæудæй цыдысты тохы разæй»... Ныгуылæн Белорусоийы Лентойы полк размæ бырсгæйа^ сæмбæлд знаджы стьгр тыхтыл. Уыцы ран дæр та Къацы фырт февзæрд разæй, фæлæ гитлеронтæ махуæтты фезмæлын нал уа- гътой, уалынджы сæ уæлхъус февзæрд «Катюшæ», уымæн Лен- то ацамыдта знаджы сæйраг къорды бынат æмæ уайтагъд фыд- гултæ цъæх пиллон арты бын фесты. Дыккаг бон, Ленто цы ба- тальоны уыд, уый джебогъон тохæй бырста хъæу Красный Бор- мæ, знæгтæ ихуарæгау нæмыг згъæлстой махонтыл. Уæд Ленто ’скомандæ кодта: «гуыбыны цъарыл размæ!» 47 хæстоны, Ленто сæ разæй, гуыбыны цъарыл бабырыдьщты зиаджы фыццаг тран- шеймæ æмæ сæ атардтой дыккаг траншеймæ. Уыцы карз тохы Ленто йæ хæстонтимæ знæгты астæу аззадис иунæгæй. Ахæм тæосаг уавæрты дæр нæ фæтыхст хъæбатыр ирон. Уый, тран- шейты гитлеронтæ цы иæмыгзгъалтæ фæуагътой, уыдон зна- джы ’рдæм фæзилын кодтой æмæ йæ æхстой сæхи зынгæй. Уыцы æрхъулайы Ленто æд хæстонтæ баззад иу бон æмæ иу æхсæв. Уый рарвыста æххуысмæ полчы хистæрмæ æмæ йæм дыккаг бон бахæццæ сты. Уыцы тох рамбульшы тыххæй Лентойы хис- тæртæ фарст æрæвæрдтой хъæбатыр иронæн Советон Цæдисы Хъайтары ном ’радтын, фæлæ цыдæр аххосæгты тыххæй скъуыд- Дзаг не рцыд. 477
1944 азы К/ьацты Л. И. тохгæнгæ ныххæццæ горæт Дан-циг- мæ, уырдыгæй СоветоиÆфсады Сæйрагкомандæкæнынады бар- дзырдмæ гæсгææрвыст æрцыд Мæскуыйы æфсæддон-политикон курсытæм. Уырдыгæй та ацыд япойнаг империалистты ныхмæ хащынмæ, ахызт Монголийы змис быдыртыл, Китайыл, хайад иста Квантуны æфсад ныддæрæн кæныны тохты æмæ йæ хъæ: батыр хæстон фæндаг фæцис Сайыр океаны былыл. Фыдыбæстæйон хæсты тохы быдыры Ленто фæцис цьшпар цæфы, фæлæ йæ хæст никуы ныууагъта. Советон хицауад, Къацы фырты йæ хъайтардзинады тыххæи схорзæхджын кодта цыппар орден æмæ аст медалæй. 1953 азы Ленто æрыздæхти-Ирыстонмæ, куыста Сталиниры МТС-ы партбюройы секретарæй, 1957 азы æртынмиио.нтимæ ацыд Дампалеты хъæуы колхозы саордарæй. 1961 азæй абоны’1 онг та кусы Цхинвалы арæзтадон æрмæджыты комбинаты ифтонггæнæг хайады хистæрæй. Йæ хъæбатыр тох æмæ куысты тыххæй Къацты Лентойæн нысан æрцыд персоналон пенси.
Бæциаты Агуыдз «ЗАРÆГÆН БАЗЗАД ЙÆ НОМ» Бирæ сты æдзардæи сæфт хæстонтæ! Мысыпц сæ дзыллæтæ, сæ уарзон ныййарджытæ æмæ схæссæг фыдæлтæ, мысынц сæ ног фæлтæртæ, сæ хъæбатыр хъуыддæгтæ уæлæуыл фæзмина- гæнбаззадысты, таурæгъау кæсынц рæзгæ сабитязм, Бирæ/сты уыдсн!... Бирæ у сæ номы кой. Ирыстоны хъæу- тæй кæдæм<фæнды куы ацæуай, уæд сып фехъусдзынæ сæ кой, сæзарæг дын акæндзысты. Саударæг мад дæм сау .хъæдабæйы тыхтæй рахæсдзæн йе пахъомæй сæфт фыртты къамтæ, фендзы- пæ хæстон æртæтигъон писмотæ. Уыдон фæбур сты, рæстæг сыл йæ фæд ныууагъта, сæ уæлæ зынынц ныййарæджы цæссыг- тæ. Ракæнæм ма уыдонæй иуы кой. Сæххæст дыууисæдз азы хъæбагы-р хæстон Къалаты Серге- йы райгуырдыл. Абон ныййарджытæ хъуамæ цин кæниккой... Абон Къалаты Езетхан æмæ Гришæ сæ фырты фыртты уындæй не ’фсæдиккой уалдзыгон хурмæ мидбьтлты худгæйæ кæсиккой, уыдон та Алагиры уæлмæрдтæм афтид ннгæимæ сæ сауты араст сты# Фидар у, æвæдза, мады зæрдæ, æфсæрмджын у фыд, сæхи- уыл хæцын фæразынц, сæ уæззау мастыл хицæнæй фæхъын- иъым кæнынц, (;æ хъæубæстæй та сæ зæрдæйы рыст хъæлдзæг ныхас æмæ худынæй бамбæхсынц. Куыд уромы зæрдæ ахæм уæззау зиан? Бафæрсут уымæй Езетхан æмæ Гришайььæмæуып Дзуапп ратдзысты. «Зын у хъæбулы сæфт, фæлæ райгурæн бæс- тæйы сæрвæлтау нæ фырт йæ цард кæй радта, уы.мæй мах сæрыс- тыр стæм. Нæ.маст, нæ хъыт хъæубæсты хъыг у, дзыллæты 479
маст у. Мах иунæг не стæм. Бирæ мадæлтæ æмæ тЬыдæлтæрад- той бæсты сæрвæлтау сæ фыртты». Цыбыр, фæлæ рæсугъд рацард Къалаты Сергей. Райгуыр^ 1925 азы майы фондз æмæ ссæдзæм бон. Афæдзы фæстæ Серге-* йы ныййарджытæ алыгъдысты Мæскуымæ. Иæ сабийы бонтæ ам арвыста Сергей. Иæ зондахаст æхсыст Райгуырæн бæстæйы зæрдæйы — Мæскуыйы. Адæймаджы зонд æмæ къухты фæлло- йы диссæгтæ, бæрзонд хорздзинæдтæ æмæ мæсгуытæ, уæрæх æмæ райдзаст уынгтæ лæтшуйы æнахъом зæрдæйы сæвзæрын кодтой æнæкæрон уарзондзинад фыдыбæстæм. 1932 азы Мæскуыйы хуыздæр скъолатæй иуы къæсæрæй бавæрдта амондджын къах. Царды рæсугъд чиныджы фыццаг фæрстæ рафæлдæхта. Ныййарджыты цинæн кæрой нал уыд. Лæппу ахуыр кодта тынг хорз ,йе ’гъдау, йæ митæ иннæтæн уы- дысты фæзминаг. 1935 азы Гришæ æмæ Езетхан раздæхтысты Ирыстонмаз æмæ æрцардысты Дзæуджыхъæуы. Сергей- бацыд 10 скъоламæ æмæ уым йæ ахуыр дарддæр кодта. Æмбæлттæн фæзминаг, хис- тæртæн йæ хорзы кой дзуринаг, æмгаруарзон, раст æмæ зылыи кæрæдзийæ иртасаг, комкоммæ ныхас, — ахæм уыд Сергей. Ба- цыд фæскомцæдисы рæнхъытæм. Фæстæдæр æй равзæрстой секретарæй скъолайы фæскомцæдисон организацийæн. Хæст Сергейы ’рыййæфта скъолайы. Йæхи бæргæ фæндыд йæ фыды фæдыл хæстмæ ацæуын,хфæлæ йæ азтæ нæма æййæфтой æмæ куыд? Уый бар ын ничи лæвæрдта. 1942 азы фæцис касг дæс къласы. Мæйтæ æмæ хуртæ худт сæ цæсгæмттæй Сергей æмæ йе ’мбæлттæн. Алкæмæн дæр сæ уыд йæхи бæллиц, йæхи кысан, фæндыд сæ дохтыртæ, инженертæ, поэттæ, композитортæ суæвын. Фæлæ хæст æндæр фæндæгтыл арвыста алкæй дæр. Бирæтæн сæ цард ныоггæлиртæ, иуæй-иутæ дзы райгуырæн бæсты сæраппонд сæ цард радтой, чи та дзы абон махимæ фæрнæ-йдзаг фæллой кæны. Абон дæр ма æрымысынц ахуыргæнджытæ Сер- гейы: «Сергей растзæрдæ, æмгаруарзон, комкоммæ ныхасдзурæг уыд. Æхсæнады хъуыддаджы разæй кæй цыд, йе ’мгæрттæ йæ бирæ кæй уарзтой, стыр кад ын кæй кодтой, Сергей кæй бæллыд композитор суæвынмæ». Мады зæрдæ рыст. йæ фырт- 10 къласы каст фæцис æмæ цыд хæстмæ: «Ау, уый та куыд, ме ’мгæрттæ хæцгæ кæной, æз та мæхи царды куыст кæнон? Худинаг нæу, цы цæсгом ма рав- дисдзынæн мæ хæлæрттæм, мæ фыдмæ? Æмæ ахызт мады фæн- доны сæрты. Фæцыд хæцæнтæм, æнауæрдон тох кодта знаджы балби- рæгътимæ Дон æмæ Кубаны быдырты, йæ райгуырæн Ирыстоны зæххыл. Фæцис уæззау цæфтæ æмæ йæ аластой Калачы рын- чындонмæ. Сдзæбæх, фæлæ йæ хæстмæ, йе ’нæниздзинад чкæй фæцудыдта, уый тыххæй нал ауагътой, бынтондæр уæгъдгонд 480
#рцыд æфсæддон службæйæ æмæ æрыздæхт Ирыстонмæ. Хъык- цъым кодта, маст йе ’взонг зæрдæйы фыхт: «Адæм цыфыддæр знаджимæ мæлæтдзаг тох кæнынц, æз та ам куыд бадон?» Фæ- ЛЗе йын бар нæ лæвæрдтой хæстмæ ацæуынæн. 1943 азы Сергей æрвыст æрцыд Мæскуымæ Петр Ильич Чайковскийы номыл консерваторимæ. Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд æм йæ ахуыргæнджытæ раиртæстой музыкалон кур- диат æмæ ныр мад æмæ иннæты фæндоныл æнæ разы нæ уыд. Дцыд! Йæхимидæг хъуыды кодта: «Мæскуыйæ кæд æнцондæ- рæй аирвæзин хæстмæ, мæ мадæн дæр æнцондæр уыдзæн æмæ пæуын». Мæй дæр нæ фæци консерваторийы Сергей. Йæхи хъарДт<2 хæсты быдырмæ. Ахуырæн фадат фæстæдæр уыдзæн, ныр та уал знаджы йæ лæгæты ныххурх хъæуы. Арæх-иу сагъæсхуы- зæй каст мæскуыйаг афтид æмæ æнкъард уынгтæм, йæ хъуы- дытæ-иу æй рахастой Ирыстонмæ, фæндыдис æй йæ фыды фе- нын, иæ мады дæллагхъуыр абырын, бахатын, цæмæй йæ хæ- цынмæ ауадза. Йæ сагъæстæ, йæ мæт-иу риуы куынæуал цы- дысты, уæд-иу æрбадт инструменты уæлхъус æмæ цагъта ца- вæрдæр æнкъард мелоди. Фæстагмæ æгоммæгæс зæрдæ фæуæлахиз æмæ йæ ныййарæг- мæ ныффыста: «Мæ зынаргъ мад, дæ бонтæ хорз. Ма мæм фæхæрам у, дæ зæрдæ мыл ма фæхудæд, фæлæ мæ бон дарддæр быхсын нал у, мæ зæрдæ фыцы фырмæстæй. Райгуырæн бæстæ зын уавæры ис, æмæ æз та мæхи мæт куыд хъуамæ кæнон? Ныртæккæ мæ ахуырмæ не ’вдæлы. Хæсты. цæхæры хъуамæ уон, хæцын мæ фæнды, хæцын! Адыууæ боны цæуын хæстон скъоламæ. Мæтма кæн, мæ зынаргъ мад, дæхи ма хæр. Дæ фырты хорз зоныс. Хъуыды ма кæныс, цæфтæй дæм куы сыздæхтæл, уæддæр -ма? зæрдæ хæсты быдыры уыд. Мæ уарзон мад, хæст тагъд фæуы- дзæн, æнæмæнг знаджы ныддæрæн кæндзыстæм йæ лæгæты æмæ та уæд ахуырæн дæр рæстæг уыдзæн. Ма мæм фæхæраму. Дæхæдæг ма ахъуыды кæн: мæ фыд хæсты цæхæры адæмы сæрвæлтау йæ цард нывондæн хæссы, æз та ам ахуыр кæнон. Рарвит мæм, мæ фыд кæм ис, уый æмæ йæм ныффыссон мæ фæнд. Цæй, мæ зынаргъ мад, хъынцъым ма кæн. Æдæг фæском- Дæдисонæн йæ хæс цы у, уый кæнын. Кæугæ ма кæн. Тагьддæм уæлахизимæ зындзынæн. Дæхи Сергей». Райста мад хъæбулы фыстæг. Райста, сулзгæ цæссыг нык- калдта. Цы бачындæуа? йæ конд афтæ фæцис. Ныффысса йэ»м карз писмо, ко’мкоммæ йын зæгъа, хæстмæ дын нæй цæуæн, ^мæ йыл фырты зæрдæ куы фæхуда? Уæд та йæм арвитид, цу, ^æцæнгарз райс æмæ куынæг кæн фыдгулы, бахъахъхъæн рай- гуыр<æн зæхх, ма фæхудинаг кæн дæ мад, дæ фыды ном, æмæ стыр бæллæх куы ’рцæуа, куынæуал фена йæ уарзон фырты, хæсты пиллон арты куы басудза йæ рæсугъд бæллицтимæ, уæт 31* 481
мад йæхи цы фæкæндзæн, йæхи фæсмонæй нæбахæрдзæн? Æм^ райста мад фыссæн йæ къухмæ. Кæддæр авдæнхъæдыл фæллал цы ,къух нæ зыдта, æнæхуыссæг æхсæвты рæзгæ хъæбулы узгæ- йæ рæсугъд зарджытæ чи кодта, уыцы ныййарæг мад ныффыс- та йæ фыртмæ. «Мæ ахсджиаг, мæ уарзон хъæбул. Бамбар дæ мады са- гъæс, мæ зæрдæйы катай. Нырма дæ цæфтæ нæма байгас стц æмæ уал дæ ахуыры куыст кæн. Хъуыды ма кæныс дæ ахуыр- гæнджыты ныхæетæ, хорз композитор дæ рауайдзæн, ис дæм курдиат æмæ йæ æмбисыл ма мыууадз. Дæ фыд знаджимæ хъæ- батыр тох кæны, мæн дæр бæргæ фæнды, хæсты быдыры куы уа- ис’, уый, фæлæ дæ ахуыр дæр куыд хъуамæ иыууадзай? Нæ зо- нын, дæхæдæг ахъуыды кæн. Мæхи цæстæй федтон фыдгулы æнахъинон митæ ,нæ Иры зæххыл. Уæдæй фæстæмæ сæм менæ- уынюндзинад фылдæрæй-фылдæр кæны. Мæ ахсджиаг, мады зæрдæ мæт æмæ сагъæстæй йедзаг у, фæлæ Райгуырæн бæстæ- йы хъиамæттæ зæххыл нæ цæуынц æмæ маст исын хъæуы. Ирыстоны ныййарджытæй сау гæххæттытæ бирæтæ райстой, бирæтæ нал барæвдаудзысты сæ хæстæфхæрд хъæбулты, би- рæ мадæлтæ мыггагмæ æнæдарæгæй баззадысты. Уыдоны маст зæхх нæ уыромы. Стæй канд ныййарджытæ нæ. Фыдыбæстæ, стыр Фыдыбæстæ хъæрзы знаджы чъизи цырыхъхъы бын æмæ йæ фервæзын кæнын хъæуы. Уый дзыллæты хæс у, æмæ дзы йæ- хи иуварс чи айса, ууыл мады æлгъыст æрцæудзæн. Ахъуыды кæн, мæ хъæбул, æмæ хуыздæр куыд у, афтæ бакæи. Ма райс дæ мады зæрдæхудт, ма бацу Райгуырæн бæсты азымы». Сергей æрвыст æрцыд хæстон скъоламæ. йæхи бæргæ фæн- дыд хæцæг æфсадмæ ацæуын, фæлæ æфсæддон разамонджытæ афтæ бауьшаффæ кодтой, æмæ ахуыр кодта хæстон æгъдæуттæ, хæстон техникæ. «Тагъддæр, тагъддæр хæсты быдырмæ, райсын хъæуы райгуырæн зæххы маст, сабиты, мадæлты, урсзачъе зæ- рæдты маст фыдгулæй!» Сергей -каст фæци æфсæддон скъола. Æрвыст æрцыд хæцæг æфсадмæ. 1944 азы знаг, цæф сырдау, лыгъдйæлæгæтмæ, къæпп кодта фæстæмæ, йæ ницæйаг уд хъахъхъæнпæйæ, фæлæ йæ мах æфсад æнæхатырæй ссæста. Бирæ карз хæстытæ хъуыди... Бело- руссийы зæхх... Бирæ диссæгтæ дзурынц бынæттон цæрджытæ æвирхъау хæсты тыххæй. Уыцы тохы цæхæрты æвзыгъдæй раз- мæ (бырста Сергей йæ хæдтулгæ хæцæнгарзыл. Дыккæгæм Бело- руссаг фронты артиллерийы полчытæй иуы хуыздæр æмæ хъæ- батырдæр хæстон — сержант Къалаты Сергей æнæфенгæ хъæ- батырдзинад иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыста, йæ намысджьп-т хъуыддæгтæ уыдысты иннæ ,хæстонтæн фæзминаг. Уырныдта йæ, сæрибары хур кæй скæсдзæнис Райгуырæн бæсты сæрмæ æмæ та ’цины куывдты кæй фембæлдзысты дзыллæтæ хъæбатыр хæс- тонтыл. Æнхъæлдта, уæлахизы бон фендзæн æмæ мады рæвды- Дæй бафсæддзæн чысыл сывæллонау. 482
Белоруссийы зæххыл цы стыр хæстытæ æрцыд, уыдонæн сæ тæккæ хъазуатондæрты размæ лæгæрста Къалаты Сергей. Йæ уд рауæлдай кæнгæйæ, уый бабырста знаджы фидæрттæм, ба- мынæг сын кодта сæ зынг .æмæ уæд мах æфсæдтæ размæ абырс- той. Ахæм ныфсхаст хæстон хъуыддæгтæ цалдæр хатты бакодта Сергей, иу ахæм хæсты знаджы нæмыг аскъуыдта лъæбатыр хæстоны цард. Полчы командир Сизов уыцы стыр сгуыхтдзинæдты тыххæж Сергейы номыл сарæзта гæххæтт, цæмæй йын лæ<вæрд æрцæ.-уа Советон Цæдисы Хъайтары ном. «Сержант-наводчик Къалаты Сергей Григолы ,фырт йæ хъæ’батырдзинады тыххæй нысангонд цæуы Советон тДæди- сы Хъайтары ном райсынмæ. /’ Хъæбатыр хæстон-фæскомцæдисон райгуырд Ирыстоны 1925 азы. 1942 азы æнауæрдон тох кодта фашистон ^æбурджы- ты .ныхмæ Цæгат Кавказы æмæ уæззау цæфтæ фæ^дис. Дыккаг хатт, йæ цæфтæй куы сдзæбæх, уæд бархийæ аьшд .хæстмæ. Хъæбатыры тохы н^амыс цыбырæй у афтæ: / Къалаты Сергей знаджы фидар дон Прошдиыл равдыста æвзыгъддзинад, хъару æмæ æнæкæрон арæхстДзинад. Райгуы- рæн бæстæйы йæ удæй фылдæр кæй уарзы, уьшæн æвдисæн у 202 фидаргонд бæрзондмæ бабырст. Уыцы бæрзондæй знаг хъахъхъæдта мах æфсæддон хæйтты æ^æ сæ доны ^æрты ахизын нæ уагъта. Райсын хъуыд уыцы фидар. Фыццат бабырсты ссыгъдысты мах дыууæ хæдтулгæ хæцæнтарзы. Æртыккаджы командир уæззау цæфтæ фæцис æмæ уæд^ Къалайы фырт уый бартæ йæхимæ райста. Къалаты Сергейы’ хæдтулгæ бабырста фидаргонд бæрзондмæ, йæ фæдыл ахуыдта иннæ хæдтулгæты, фистæг æфсады. Знагыл ацы хæсты аерцыд бирæ зиæнттæ. Не ’фсæддон хæйттæ дарддæр абырстой’æмæ бахæццæ сты дон Ба- сеямæ. Дарддæр знаг фæндæгтæ æрæхгæдта, ихуарæгау калдтой нæмгуытæ мах æфсæдтыл. Фæлæ Къалаты Сергей аивæй абырс- та размæ, бахызт доны сæрты йæ хæдтулгæ.имæ æмæ фæндаг радта мах ’æфсæдтæн. Ахæм хъæбатырдзинад Къалайы фьтрт равдыста Днепры сæрты хизгæйæ. Не ’фсæддон хæйттæ знаджы нылхъывтой Княжицы райо-» ны. 29 июны райсомæйнемыцсарæзтой тыхджын ныббырст, хъа- выдысты Минскы фæндагмæ æрбабырсын. Нæ фистæг æфсæд- тæ фæстæмæ цыдысты. Размæ абырстой нæ танктæ æмæ хæд- тулгæ хæнæнгæрзтæ. Ацы ран рæдзæгъдтæй баззадысты знаджы хæцæнгæрзтæ æмæ æфсæдтæ. Уыцы тохы Къалаты Сергей ныд- Дæрæн кодта фочдз автомашинæйы, дыууæ -сармадзаны, иухæд- тулгæ хæшæнгарз æмæ 35 немыцаг салдат æмæ афицеры. Уыцы карз хæсты фыдгулы нæмыг аскъуыдта Райгуырæн бæстæйы иузæрдион хъæбул Къалаты Сергейы цард. Къалаты Сергей æнæкæрон хъæбатырдзинад ,кæй равдыста, 483.
арæхстджын æмæ æрхъуыдыджын кæй уыд, уый тыххæй йыч æмбæлы Советон Цæдисы хъайтары пом радтын». 1. 1196-æм лолчы командир — майор Сизовы къухфыст. 2. 2-æм Белоруссаг фронты танчыты сæргълæууæг — инæ- лар майор Широбоков. 3.2-æм Белоруссаг фронты разамонæг — армийы инæлар Захаров. 4. 2-æм Белоруссаг фронты хæстон разамынады уæнг -- инæлар-лейтенант Субботин. 1944 аз, 27 август. Сергейæн лæвæрд æрщыд Ленины орден, уый тыххæй хъу- сын кодта Советон Цæдисы хъахъхъæнынады Къамисариаты сæйраг^мыхуыры газет «Красная звезда». «Æна^кæрон хъæбатырдзинад, æхсар æмæ арæхстдзинад кæй равдыста хæсты быдыры Къалаты Сергей, уый тыххæй йып лæвæрд æрцæуæд Ленины орден». ’ Æнустæм^банцад йæ куыстæй хъæбатыр хæстон Къалаты Сергейы зæрд&. Æнустæм ’баззад йæ хъæбатырдзинады кой белоруссаг адæмы æхоæн, йæ уарзон Ирыстоны. Хъæбатыртæ нæ мæлынц. Уыдонæн сæ цард иу æнусы нæ цæры. Фидæны фæлтæртæн фæз^чнагæн баззадис Къалаты Сергейы ном. Сер- гей йæ сæр нывондаен <цы зæххыл æрхаста, уым цæрæг Демьяно- ва йæхи цæстæй фёдта харз хæсты нывтæ, хорз хъуыды кæны Сергейы хæцæнтæ æмæ сæ дзуры абон: «Æз æмæ мæ хъа^уккæгтæ хорз хъуыды кæнæм æмæ нæ ни- куы ферох уыдзæн 1944 азы 29 <июны немыцаг лæджыфыдхор- ты æвирхъау митæ. Басыгътой нын иæ /хъæу, фыдуд, фыдми- тæ нын фæкодтой. Уыцы бон маххъæуы СоветонÆфсадæй фаг мард тынг бирæ. Уыдонимæ йæ цард радта фыдыбæсты сæрвæл- тау Къалаты Сергей дæр. Уый тох кодта, йæхи райгуырæн бæс- тау, Белоруссы зæххыл æмæ йын йæ цард -нывондæн æрхаста. Æвирхъау хæст райдыдта афтæ: Немыцаг æфсæдтæ уыдысты Княжицы хъæуы фарсмæ хъæды. Могилевы æрдыгæй ныгуылæн- мæ ’фæндагыл фæзынд дыууæ советон танчы, фæлæ сæ немыи æхсьин райдыдтой 1æмæ фæстæмæ аздæхтысты. Фæлæ та нысыл фæстæдæр фæзынд иу советон танк æмæ -æнæрлæутæ лæгæрста размæ. Немыц æй :æхстой, фæлæ сæ уый æрдумæ дæр нæ дард- та, бырста йæ нысанмæ. Фæстагмæ йæ алыварс кæлын райдыд- той минæтæ >æмæ танк ссыгъд. Мах уый куы федтам, уæд тынг фæтарстыстæм, фæлæ йын нæ бон цы уыд. Танк афтæ тынг пил- лон уагъта æмæ йæм æввахс бацæуæн нæ уыд. Æрмæст дыккаг бон бацыдыстæм танкмæ. йæ фарсмæ дæс метры æддæдæр ссардтам советон сержанты мардæй. йæ риуы дзыппы йын ссардтой пæ дскументтæ æмæ йæ мады адрес. Ие ’мбæлттæ нын бйфæдзæхстой, цæмæй йын йæ мадмæ писмо ныффыссæм. Ны- 484
гæд æрцыд, танчы ади басыгъд, уыцы цыппар салдатимæ, кæм фæмард, уым. 1949 азы сæ баныгæдтой æфсымæрон ингæны Княжады хъæуы астæу. Дыууæ хъæуы цæрджытæ никуы ферох кæндзысты хъæба- тыр хæстон Къалаты Сергейы рухс ном». Бамыр сты хæсты гæрæхтæ. Дуне рафтыдта таугæрдæг, æнусон уалдзæг скодта дзыллæтыл, фæлæ йæ цард чи радта, уыцы хъæбатырты ном рох нæ кæны советон адæмæй, нæ ферох Къалаты Сергей дæр белоруссаг адæмæй, йе ’мгæрттæй, йæ хъæубæстæй, йæ хæстон æмбæлттæй. Ныййарæг мад, дæумæ у мæ ныхас, абон дæ фырты гуырæн бон Иры лæппутæ ууыл скодтой номы зарæг, абон ногæй рай- гуырд дæ цардмондаг хъæбул Сергей.
Гаглойты Владимир КЪÆБЫСТЫ НИКЪАЙЫ ХÆЦÆНТÆ Хæсты быдыр. Фашистон мæлæтхæссæг танкæтæ рафсæрс- той кæрдинаг хуымыл. Сæ цæлхыты бын ныосæстой, колхозон лæг йæ хидвæллойæ цы диосаджы мæнæутæ æрзайын кодта, уыдон, æмæ, оау кæлмытау, æрбалæсынц. Хуымæн йæ иннæ кæрон акъоппыты бадынц не ’фсæддон хæйттæ æмæ æнхъæлмæ кæсынц знаджы танкæты æрбаввахсмæ. Акъоппы иу кæрон æрымбæхст Никъа дæр. Гранатты баст йæ къухы, афтæмæй æнхъæлмæ кæсы йæ фыдгул знæгтæм. Мæ- нæуы быдырыл æмвæтæнæй рацæуы удхæссæг йæ сау згъæры. Никъайы зæрдæ, цыма, йæ кусынæй банцад, баурæдта йæ улæфт. Æнгуылдзтæ тынгдæр нындæгъдысты гранатты бастыл. Райхъуыст йæ дæндæгты къæс-къæс... Сæфы мæнæуы хуым. Сау знаг æй йæ цæлхыты бын нын- най кодта. Кæсы уыцы æвирхъау нывмæ рустауаг колхозон æмæ фырмæстæй йæхицæн бынат -нал ары. «Ау, куыд ис уый гæнæн, æмæ, лæгæн цард чи дæдты, кусæг лæг йæ чъиухиды руаджы кæй ратоны зæххы риуæй, уыцы цæттæ хойрагæн ахæм æвирхъау м,итæ бакæн. Ау, сырд дæр ма куы нæ бакæны ахæм М1И...» I Æмæ хойрагæн аргъ кæнын та чи зыдта Никъайы хуызæн. Кæрдзыны къæбæрыл йæ чысылæй уал азы æххуырсты фæхæ- тыди. Стонг-иу ын куы сцагайдта йæ ахсæн, йæ уд-иу гæркъайы хуынчъы куы фæцæйлæст фырæххормагæй, уæд-иу куыд ныхъ- хъæр кодта: «Гъе, джиди, уæд та иу комдзаг кæрдзыны къæ- бæр!». Фæлæ фæци æлгъыстаджы зæронд дуг. Ныллæууыд ног рæстæг æмæ фыццаг хатт Къæбысты Сикъойы фырт Никъа бафсæсти кæрдзынæй. Сæ хъæу Рустауы колхоз куы арæзтой, 486
{,-æД, фыццаг хатт колхозмæ <чи бацыд, уыдонимæ уыд Къæбыс- \ъг Никъа дæр. I Ссардта Никъа сæ хъæуы мæгуыртимæ йæ амонд. Фыццаг ^атт колхозон быдырты парахатæй айвæзта йæ къабæзтæ. Раз- дæр йæ хид цы зæххыл калдта, æмæ йын йæ бæркад та хъæз- цыджытæ кæмæн хордтой, уыцы зæххæн ныр йæхæдæг ссис хи- цау. Советон хицауад ын æй ныллæвар кодта æнусмæ. Æмæ-иу куыд цин кодта, мæнæуы хуымтæй-иу уæрццы «быллыхъхъ» куы айхъуыст, даргъдзыкку æфсиртæн-иу оæ сæртæ сыгъзæрин доны куы стылдыстъъ уæд. Чи-иу рацыд фыц- цаг хатт хуым кæрдынмæ Никъайы разæй æмæ-иу кæмæн ай~ хъуыст фыццаг йæ цæвæджы æхсидт, «æниу ыл, æвæдза, цæвæ- гæй кæрдынмæ та чи тых кодта Рустауы фæсивæдæй. Æнæн- хъæлæджы йæ цæстытыл ауадис йæ хъæу. Сæрдыгон райсом. Нартхоры хуымтæ. Уыцы азы хуызæл нартхæрттæ иикуы æр- задис Рустауы колхозы быдырты. Фæтæнсыф æмæ ставдуæнг нартхæрттæ -саудалынгæй лæууыдысты. Сæрдыгон фæлмæн дымгæ фæндыры тæнтыл хъазæгау кодта нартхоры сыфтæй. Æмæ афтæ зынд, цыма, сæ мид-зæрдæйы цæуылдæр знæт фæ- дисы ныхас ’систой. Раджы сыстац уыцы бон Къæбысты Никъа, æниу уыцы афон кусæг лæг раджы стаг у. Заманайы нартхæрттæ, зæрдæ сæ уындæй райы, æмæ сæ афоныл арувын хъæуы. Дзæбæх æрбабон, афтæ æрлæууыди йæ куысты сæр æмæ тындзы, цалынмæ хур <не ’рындæвта, уæдм,æ йьин кæд бонрæф- ты исты антысид. Рувы, тындзы йæ куыстыл. Хæмпæлгæрдæ- джытæ кæмдæрты сфардæг сты æмæ хъыгдарынц нартхæртты. йæ цыргъ къæпийæ сæ æнауæрдон цагъд кæны Никъа. Цыма стыр тохты знæгтимæ фæбыцæу, æмæ сын хъазуат хæст ра<сид- тис, уыйау сæ кæны сугъты цагъд. Æмбарынц мартхæрттæ сæ ’ирвæзынгæнæджы, æмæ йьгн, цыма, сæ мид-зæрдæйы дзурынц: «Фæрнæй фæдар/ Никъа, дæ къухтæ, дæ лæггад дын мах дæр бафиддзыстæм стыр тыллæгæй... фæсмонгонд нæ фæуыдзынæ». Тындзы Никъа. Къæпи йæ къухты кафы, нартхорьт хуым зарæгау кæны... Аходæнафонæй ахызт, афтæ йæм схæццæис хъæргæнæг: «Ды<сон фашистон Герман æрбабырста нæ Райгуы- рæн бæстæмæ, райдыдта хæст». Æнæнхъæлæджы æрдæгыл аскъуыд Никъайы цин. Æ.н- гуылдзтæ къа^пийы хъæдыл мæстджын æндæгъд аисты. Æмæ æрдæгыл баззад Никъайы рувинаг хуым. Схъæластæу «арт- хæрттæ дæр, цыма, æвирхъау тас банкъардтой, уыйау æрлæ- мæгъ сты сæ. хъустæ. Фæдисы уад æркодта .сæхимæ. Мæнгагъуысты бапп^’рста йæ къæпи æмæ йæхи цæттæ иоæнын райдыдта дард, тæ^ссаг æмæ æвирхъау фæндагмæ. Цалдæр боны фæстæ Никъа Рустауы хъæуы æйттмардзæ фæсивæдимæ фæцыди хæсты быдырмæ. 487
Æмæ ныр мæнæ бады акъоппы æмæ æнхъæлмæ кæсы знаг- мæ, уæртæ æрбалæсынц сау кæлмытæ... Гæндон кæнынц зæх- кусæджы цæнгты фæллой. Нæ, Никъа уыцы æвирхъау ми ни- кæмæн ныббардзæн. Æнæнхъæлæджы йæ сæры фæзынд æвир- хъау фæнд... Йæ дзыппæй спичкæ фелвæста æмæ мæнæуьх хуы- мы кæрæттыл арт æндзаргæйæ ацыд. Бафæзмыдтой йæ ин- нæ хæстонтæ дæр. Æмæ кæрдинаг мæнæуы арты æвзæгтæ аца- хстой. Чъылдымырдыгæй дымдта сур дымгæ, <арты æвзæгты ацахста æмæ сæ аскъæфта знæгтырдæм... Судзы мæнæуы хуым. Мæнæуы хус сымаг æмæ арты хъыл- ма фæздæг ныббадтис арвыл. Æгæрон быдырты арты æвзæгтæ аныхъуырдтой сау фыдгул знæгтимæ... Фыдгултæ арты мидæг схæццæ сты... Æрбайхъуыстис цал-/ дæр æвирхъау нæрды... Уый срæмыгътой знаджы танкæтæ. Фæлæ ма дзы кæмæндæрты размæ рафсæрын бантыст. Уы-1 доныл та нæ хæстонтæ фембæлдысты гранаттæ æмæ танкæйы ныхмæ хæцæнгæрзтæй æмæ сæ’ныппырх кодтой. Чи ма дзы аирвæзт, уыдон фæстæмæ лидзынмæ фесты. Нæ хæстонтæ аппæрстой знаджы танкæты размæбырст... Тох куы ’рсабыр, уæд командир бацыд Никъамæ æмæ йын арфæ ракодта: — Бузныг де ’рхъуыдыйæ, хъæбатыр хæстон! Фæлæ йын Никъа исдуг дзуапп нæ радта, стæй тыхамæлт- тæй, цыма, ныхæстæ йæ зæрдæйæ сыскъуыдта, уыйау загъта: — Цæй арфæ, æмбал командир... Мæнæуы хуым басыгъд... æмæ ды зоныс, алы æфсиры дæр цал мæнæуы уыдис, уый? — Æнæдзургæйæ æргуыбыр кодта, кæмдæрты ма цы иугай æфсир- тæ аззад, уыдснæй сæ иу ратыдта, топпыхосæй арыд æрмтты йæ аууæрста æмæ мæнæуы нæмгуыты бадардта командир- мæ.—Алы гектары, æппынкъаддæр, æртын фондз центнеры уьь даид... — Цы гæнæн ис, салдат... Фæуыдзæн хæст... Фашистон сырдты ныммардзыстæм сæ лæгæты æмæ, чизоны, æрзайьш кæ- нæм ноджы фылдæр хойраг... Æз дæр тамбоваг зæхкусæджы фырт дæн, колхозы бригадирæй куыстон хæсты размæ. Фæлæ дæ зæрдыл дар, фæстæмæ нæ фæндаг Германыл цæуы... Нæ быдыртæм æрмæстдæр ууылты ис æрыздæхæн... Æмæ агуырдта рустауаг хуымæтæг колхозон Къæбысты Никъа йæ уæзæгмæ Берлиныл фæндаг. Агуырдта йæ астæумæ тугæй цæм хæсты фæндæгтыл. Фыццаг уыд саперон-инженерон батальоны. Йæ риуæй хъахъхъæдта йæ фыды уæзæг, йæ райгуырæн бæстæйы. Даргъ æмæ стыр уыдис йæ уæзæгмæ Никъайы тохы фæн- даг. Кавказы хохрæбынтæй йæ агургæйæ фæцыд суангдæр Бер- линмæ. Иæ цырыхъхъыты фæд баззадис Польшæ, Венгри, Че- хословаки æмæ Германы зæххыл... Никъа фыццаг уыд саперон батальоны. Хæсты фыццаг аз- 488
ты не ’фсæдтæ фæстæмæ куы лæууыдысты, уæд знаджы размæ- бырст къуылымпы кæныны тыххæй уый хæлдта хидтæ, æвæрд- та ми’нæтæ знæгты развæндæттыл. Зын æмæ æвирхъау к^ыст уыди уый Никъайæн. йæ чьгсылæй фæстæмæ уый зыдта æр- мæстдæр аразын, ныр уæлахизы сæраппонд хæлдта кæйдæр къухтæй арæзтадты. Кæйдæр бæллицты, кæйдæр æнæхуыссæг звхсæлш... Фæлæ æндæр гæнæн нæ уыд, афтæ домдта хæст. 1943 азы Никъа ссис фистæгæфсæддон хайы æхсæг сал- дат. Хайад иста Краснодар, Ростов, Керчь æмæ бирæ æндæр советон горæттæ æмæ хъæуты ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Советон æфсæддон хæйттæ арæныл куы ахызтысты, уæд ссис бæхджын æфсæддон. Æмæ -суангдæр хæсты фæудмæ баз- задис уым. Бирæ уæззау тохты иста хайад рустауаг хуымæтæджы колхозон. Хæсты быдыры фæцæф сты йæ, къæхтæ, цæнгтæ, йæ фарсыл знаджы нæмыг ауади, йæ сæры фарсыл дæр. Фæлæ нæ фæтыхи сау мæлæт Никъайыл. Рынчындоны-иу куы сдзæбæх, уæд та-иу фæстæмæ ацыд фронты раззаг хахмæ. Цалдæр хат- ты йæ дохтыртæ улæфынмæ уагътой сæхимæ, фæлæ Никъа хорз зыдта, йæ уæзæгмæ фæндаг Берлиныл кæй у, æмæ та-иу йæхи акуырдта фрснтмæ. Афтæ цыд хæсты фæндæгтыл Никъа. Цыд, хæцыд, уæла- хиз кодта знагыл. Цал æмæ цал хатты равдыста æхсар æмæ лæгдзинад, цал æмæ цал хатты басгуыхт. Райста хæсты быдыры «Кады» орден æмæ цалдæр майданы. Фæлæ Никъа хорзæхты тыххæй мыййаг нæ тох кодта. Нæ, бирæ хæттыты-иу мурмæ дæр не ’рдардта йе ’сгуыхтдзинæдты. Уый тырныдта, бæллыд æрмæстдæр иу хъуыддагмæ, — тагъддæр знæгты ньюсæттьшмæ æмæ фæстæмæ æрыздæхынмæ. Æмæ ссардта Никъа Берлшыл фæндаг йæ фыдыуæзæг- мæ. Æрыздæхт æмæ та счъилдысæй бавнæлдта колхозы ку- сыкмæ. Раджы фæци хæст. Ферох сты Никъайæ йæ тохты уæззау бонтæ. Салдаты сгуыхтдзинæдтæ фестадысты ивгъуыд бонты историон цаутæ, фæлæ нæ ферох сты салдаты хъæбатырдзинæд- тæ. Иу тохы, æниу, цал ахæм тохы хайад иста, кæд æмæ кæм, уыдон нал лæууынц салдаты зæрдыл. Уымæн æрвыл тох дæр уыд бæрнон æмæ уæззау, тынг басгуыхтис Никъа, нæ командæ- кæнынад.æй схорзæхджьш кодта дыккаг хатт «Кады» орденæй. Фæлæ хорзæх йæ рæстæджы нæ ’Сымбæлдис салдатыл. Уал æмæ уал лазы агуырдта йæ хицауы æмæ ныр хæрзæрæджы ссардта Никъайы. Къæбысты салдаты риуæй рарттывта дыккаг «Кады» орден дæр.
Харебаты Леонид ЦÆРГÆСБАДÆН Медицинон хо æнкъардæй лæууыд госпиталы хистæр дох- гыры раз. Иæ дзыхæй’иу сыбыртт нæ хауы. Дохтыр ын æдзынæг ныккаст йæ цæстытæм. Цыдæр æнахуыр хъуыдытæ йæ сæры æрзылдысты. Ахæм уалдзыгон бон цард, æрдз йе тæрттæ куы бакодта æмæ риу сæрибарæй куы улæфыд, уæд мæлæты цы хъæуы рынчындоны? Нæ, уый гæнæн нæй... Йæхимидæг зæрдæ- дзурæнты фæци дохтыр, æмæ та йæ цæстытыл ауадысты палатæ- тæ: хæстонтæ хъæрзынц, хæстонтæ тыхсынц. — Цы хабар у, мыййаг, исты фыдбылыз? — афарста дохтыр тыхстæй. Медицинон хо йæ сæр уырдыгмæ æруагъта, цы зæгъа рын- чындоны хистæр дохтырæн, куыд ын бамбарын кæна хъуыддаг? Æрæджиау, цыма йын йæ дзырдтæ исчи йæ хъæлæсæй аркъа- уæй æлвæста, уыйау сдзырдта: — Уыцы рынчын никуыуал зыны... — Кæцы рынчын? — афарста дохтьгр тыхстæй. — Къæбулы фырт! — Къæбулы фырт? — О, — цыбыр дзуапп та радта медицинон хо. — Мацы йыл æрцæуа? — Зæгъынц, зæгъгæ, дам, æмæхсæвæджы фæлыгъди... — Уый гæнæн нæй! — Мæ аххос у, дохтыр, йæ ныхæстæ мæ нæ уырныдтой, мæ бон, дам, нал у ацы цыппар къулмæ кæсын. Хъуамæ, дам, уæ ныууадзон. Æмæ нæ ныууагъта. Абон райсомæй бацыдтæн 490 ’
яемæ йæ сьштæг—афтид. Фæрсын, йæ фарсмæ чи хуыссыд, уы- доны æмæ йын ницы базыдтой. — Уанцон нæу. Сæ цурæй лæг æрбата,ры æмæ, дам, ын ни- цы базыдтам... Æмæ ды -куыд хъуыды кæныс, кæдæм фæлыгъда- п’Д?! — Хæхты кой-иу мын кодта, цæргæсбадæны, дам, щæрын, бæрзонд хюхы цъуппыл, хуыцауимæ, дам, лæгæй-лæгмæ «фæны- хас» кæнæм. Ирон лæг знагæн йæ чъылдым никуыма фенын кодта, Къæ- булы фырт дæр ирон у. * * * Горæт Саночы æфсæддон рынчындоны хистæр дохтыр æмæ медицИ’Нон хойы ’хсæн ахæм ныхас куы рауад, уæд пе ’мбæстаг Къæбулты Михаилы та уæзласæн машинæ <скъæфта йе ’фсæддон хаймæ, хæсты быдырмæ. йæ цæстытыл уадысты йæ хæстон æмбæлттæ, куыд тынгта йыл фæцин кæндзысты, науæд сыл йæхæдæг куыд тынг фæцин кæндзæн’ис. Йæ зæрдыл æллæууыд йæ хуыздæр хæстон æмбал Борисов. — Миша, Миша, — йæ хъустыл та ауадысты уæззау цæф Борисовы дзырдтæ. — Мæ фæндаджы кæрон балхынцъ! Ворисовы дзырдтæм Къæбулы фырт фæстæмæ фездæхт, йæ цæф æмбалмæ йæхи бапоæрста. — Цы дыл æрцыд, Толик, Толик, ма тæрс, æз >ам дæн, демæ, дзæгъæл дæ нæ ныууадздзынæн! , Анатоли йæ цæсты тыфылтыл уæззау схæцыд, <йæ цæссыг- тæ фæдгæнгæ æрцыдысты. Стæй ма сабыр, уæззаугай сфæл- хатт кодта йе ’рдæбоны дзырдтæ. — Миша, мæ фæндаджы кæрон (балхынцъ, мæн уадз, бырс размæ! Размæ, размæ! Берлины пьтрхæнтæм мæ акæсын фæнды... — Уый мын цытæ дзурыс, Толнк, лæг куы дæ, дæхиуыл фæ- хæц! —Михаил ныфсытæ æвæры, афтæмæй систа йе ’мбалы. — Ма тæрс, Толик, æз демæ дæн, фæхæццæ дæ кæндзынæн быды- ронгоспиталмæ. Ды фендзынæ Берлины пыр^хæнтæ. — Михаил тагъд кæны, тындзы. Алырдыгæй нæмгуытæ, къуыззиттгæнгæ, тæхынц æмæ мæлæты дзыхмæ хъæбатыр хæстоны ’хсойынц... — Æйтт, æвзæрдæр ды ис,уый сæр уын æхсышшаг фæуа — судзгæ нæмыг сæмбæлд М-ихаилыл æмæ æрхауд. йемæ æр- хауд Борисов дæр. Уый фæстæ цы бацис, куыд бацис, уымæн ницыуал базыдта. Михаил, госпиталы йе ’муд куы ’рцыдис, уæд йæ фыццаг*афарст уыд: «Борисов кæм и, цы хуызæн у?» «Вори- сов нал нс... Фæлæ дæхæдæг дæр хуыздæр уавæры нæ уыд- тæ», — хъуыды кодтой медицинон хотæ. Михаил нынкъард, æвæццæгæн, бамбæрста хъуыддаг. Иу- 491
дзæвгар ницыуал сдзырдта, æниу йæ бон дзурын дæр нæ уыд Фæлæ та йæ хъустыл ауадысты йе ’мхæетон æмбалы дзырдтæ; «Миша, мæ фæндаджы кæрон балхынцъ». «Нæ, Толик, æз дын ард хæрын, дæ фæндаг кæм балхынцъ, уырдыгæй дын æй адард- дæр кæцдзынæн, æз дын дæ фæндаджы æлхынцъ райхалдзы- нæн». Михаил лхæм хъуыдытæ куы кодта, уæд йæ хъустыл ауа- дысты дохтырты дзырдтæ. Уыдон Михаилæй лæууыдысты чы- сыл æддæдæр æмæ сæм рауад ахæм дзырд: — Æгæр бирæ туг фесæфта æмæ ады æввахс рæстæджыты хæцынæн нал сбæздзæн. — Ницы кæны, хæцгæ дæр хорз фæкодта, куы фæсæрæнуа, уæд æй рæстæгмæ, йæ хъарутæ бамбырд кæныны тыххæй, арвит- дзыстæм йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Михаил хъуыста дохтыртæм, дзырд ууыл цæуы, уый æххæсг нæ рахатыдта. Уæдæ ма ам, мæ фарсмæ, ирон ис! Гайтма... йæ цæстытыл уæззау схæдыд æмæ акаст дохтыртæм. Цы зонын ма йын хъуыд, дзырд уымæн йæхиуыл кæй цыдис, уый. — Нæ! Уый нæ уыдзæнис! Сымах мæн нæ арвитдзыстут нæ- химæ. Æз ацæудзынæи æмæ, Толик кæм æрха’уд, уырдыгæй адарддæр кæндзынæн мæ тохы фæндаг. Хæхты коймæ Михаилы цæстытыл ауадысты йæ райгуырæн Гудисы хæхтæ, Къæбулты хъæу. йæ уа-рзон хотæ, йæ хæстон æфсымæртæ, йæ зæронд фыд. Сабыр, фæлмæн зарæджы æхцон зæлтау, та йæ хъустыл ауадысты йæ хо Саломейы фыстæджы рæнхъытæ. «Фьшы дæ фенын, цыма, æрцыдтæ, æмæ дæ уындæй баф- сæстæн»... Ех, уæвгæйæ дæр, хауæггаг æрбауа, нæ адæмы удæнцой цард чи æрбайхæлдта. Афонмæ та ме схъæл цæвæг æрсагътаин Хуссары æмæ, æйда-мардзæ, бавзар дæ хъару! Цы фæуыдаик- кой ме ’фсымæртæ, куы ницыуал бæрæг оæ хъусын. Науæд хæ- дзарæй дæр фыстæг куынæуал æрвитынц? Тыхсы Михаил, тыхсы, >йæ сæры мидæг зилдух кæнынц алы- гъуызон хъуыдытæ, афтæмæй та æрфынæй. Нæ, уый афтæ ме- дивдпон хо фенхъæлдта, æндæра Михаил фынæй нæу, йæ сагъæ- стæ йæ ахастой йæ тохы фæндагмæ. Йæ зæрдыл æрлæууыд, бул- къон ын йæхи къухæй «Фыдыбæстæйон хæсты» дыккаг къæпхæ- ны орден йæ риуыл куы бакодта, уыцы уысм. Уæвджийæ, уæд йæ зæрдæ куыд схъæлдзæг. Æмæ стæй куыд нæ, æфсæддон коман- дæкæнынад стыр аргъ скодта Къæбулы фыртæн. Лæгдзинад дæр ахæм равдыста. Иунæгæй <схæцыд дыууадæю танчы ныхмæ. Би- рæты уырнгæ дæр нæ бакæндзæн, фæлæ уым диссагæй ницы ис. Ныфсхаст салдат схæцыд дыууадæс танчы ныхмæ æмæ сæ раз- мæ къахдзæф ракæнын нæ бауагъта. Цæвиттон, хъуыддаг уыдис афтæ: • Хохы фахсыл нарæг фæндаг хъахъхъæныньт хæс уыд, Къæ- 492
булы фырт кæм уыдис, уьщы дæлкайæн. Æнæмсæр тохы йе ’мбæлттæ фæмард сты, уый уæддæр йæ тох нæ уагъта. Уалынмæ фæкаст æмæ хохы фахсыл уартхæфсыты лæст æрбакæнынцне- мыцаг танктæ. Æрбазынд иу, дыккаг, æртыикаг, цыппæрæм, стæм, дæсæм, дыууадæсæм... Танкæты унæрæй кæмттæ арауынц. Уыдон бы’рсынц, фæндаг гæрдынц фистæг æфсадæн. Къæбулы фырт сагъæсты афардæг. Цы чындæуа. Ныууадза хъахъхъæнæн пункт, æмæ уый дæр йæ сæрмæ нæ хæссы. Афтæ нæ. Уайтагъд йæхи баппæрста сармадзанмæ. Æрзьь лдта ручкæ æмæ сармадзаны дзых скомкоммæ кодта, разæй чи цыд, уыцы танкæмæ. Гæрах, æмæ кæмттæ ныннæрыдысты. Топ- пыхосы фæздæг куы асыгъдæг, уæд Къæбулы фырты цæстытæ цинæй ферттывтой. Æппæты разæй цы танк, цыдис, уый йæ бы- наты «дзыхъмард» фæцис. Фæндаг æрыхгæдта æмæ немыцæг- ты размæ’бырст фæсыкк. — Сержант Къæбулы фырт хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæс- тæйон хæсты» II къæпхæны орденæй. Иæ хъустæ ньщцарыдтой бул’къоны дзырдтæм. Е,х, уæд бæргæ равдыстон лæгдзинад, фæлæ ныр та, ныр. Салдат хъуамæ лæугæйæ амæла, æмæ æз та ам цы ми кæнын, кæм джиуын. Цыдысты бонтæ. Къæбулы фырт сынтæгæй стынхъом фæцие. Æцæг æй дохтыртæ змæлын .нæ уадзынц: «Уæззау цæф дæ, æнæ- змæлгæ хуысс». Сывæллонау æй фæдзæхсынц. Фæлæ-мара зæгъ, Уыдон куыддæр иуырдæм фæвæййынц, афтæ уый та сынтæгæп рабады æмæ йæхи «цæуын ахуыр» ,кæны. — Тагъд дæ афысдзыстæм, — иу бон æрбацыд æфсæддон дохтыр æмæ йын рæвдаугæ дзуры, — ацæудзынæ Ирыстонмæ, фендзынæ дæхионты, баулæфдзынæ æмæ та дæ бон куы суа,уæд адарддæр кæндзынæ дæ тох. — Дæ ныфс бирæ, дохтыр, фæлæ, цыма, нæхимæ нæ ацæу- дзынæн, афтæ мæм цæмæндæр мæ зæрдæ дзуры. — Уый та куыд? — Уый та афтæ, æмæ æз нырма ахæм фын нæ федтон... Къæбулы фырты дзырдтæм дохтыр бахудт. «Фидар удыхъæд, хæххон цæргæс. Ацы къæсхуыр лæппулæ- джы уыйбæрц ныфс æмæ хъару тæлфы, уый чи зæгъдзæн?» — ахъуыды кодта дохтыр Михаилмæ кæсгæйæ... Æмæ, æцæгдæр, Къæбулы фырт нæма тагъд кодта хæхтæм. Дохтыры ныхæстæ дзæгъæлы фесты. ■—Арвитут мæ йеныр дæр хæхтæм, Ирыстонмæ, — хъуыды кæны Михаил æфсæддон машинæйы бадгæйæ. Бирæ ауайын бахъуыд Михаилы, йе ’фсæддон хай дзæвгйр ^цыд размæ. .Фæлæ сæ, боныфæстагмæ, уæддæр баййæфта. Кæм ма уыд йæ хæстон æмбæлтты «цинæн кæрон. Пъатæ, хъæбыстæ. Æрмæст ът иу чысыл «хъыцъыдæттæ» дæр адардтой. Хистæр 493
æм фæсидт æмæ дзы æрдомдта: «Алæ-ма, куыд æнæниздæ, аха*м бæлвырдгæнæн/ма мын раадис». Михаил æрынкъард, афтæмæп дзуапп радта, зæгыгæ, мæм уыдис æмæ мæм нал ис. — Уый та куыд? — афарста хистæр. — Уыдис æмæ мæ дзыппæй схауд, — зæгъы та Къæбулы фырт. — Цыдæр нæ æмбæхсыс, Мишæ? — дызæрдыггæнæджы каст бакодта хистæр. Уыцы бонæй р.ацыд (иу мæй, æмæ рынчындонæй æфсæддон хай райста Михаилы документтæ. Рыйчындоны хистæр дохтыр фæдзæхста æфсæддон хайы комаадæкæнынады: «Уыцы «дезер- тир» кæд уым ис, уæд æй хæстмæ ма бауадзут, нырма бынтон не ссæрæн». Нæ бацис æфсæддон хайæн йæ бон дохтыры фæдзæхст сæх- хæст кæнын. Къæбулы фырт уæдмæ фæцис дыккаг цæф. Ахæм у не ’мбæстаг, рæнхъон салдат Къæбулы фыртыхæс- тон удыхъæд. Уый нæу €тыр чинты хицау, фæлæ уый хыгъд у стыр лæгдзинæдты хицау. Уыдон та бирæ сты. Се ’ппæтыл дзу- рын хорз уыдаид, фæлæ æз мæ разы ахæм хæс не ’вæрдтон, мæн фæндыд «советон хæстоны удыхъæд равдисын. Нæ хæстонтæ ахæм кæй уыдысты, сæрибармæ тырнындзинад сæ кæй разæн- гард кодта, уый сæ æркодта уæлахизмæ. Гъе, уым ис не ’мбæс- таг, сержант Къæбулты Михаилы лæгдзинад дæр. Цæргæсба- дæнæй атахт æмæ кады орденимæ æрыздæхт цæргæсбадæнмæ.
Плиты Илья ХЪАЙТАРТÆ НÆ МÆЛЫНЦ Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд æппæт нæ оæстæ- йы адæмты æмрæнхъ ирон адæмы хъæбултæ дæр фæцыдысты не стыр Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны еæрыл тохмæ. Немыцаг фашисттæ еырдон æгъдауæй бырстой нæ зæхмæ æмæ куынæг кодтой, кæуылдæриддæр æмæ цæуылдæриддæр ны- дзæвдысты, уыдон. Мардтой, стыгътой, тæригъæд, хатыр никæ- мæн кодтой. 1942 азы фæззæджы гитлеронтæ бирæ æфсад æмæ техникæ æрбакалдтой «æ бæстæйы столицæ — Мæскуыйы ныхмæ. Карз тохтæ цыдис Мæскуымæ æввахс. Сæ уарзон горæт хъахъхъæ- нынмæ рацыдысты мæскуыйаг ополченецтæ дæр. Фыдгул знаджы ныхмæ æнауæрдонæй чи тох кодта Мæс- куыйы цур, уыдон рæнхъыты уыдис не ’мбæстаг бæгъатыр лæп- пу, тæхæг Къудухты Елиоз дæр. Бирæ фыстой уæд фронтон га- зеттæ Елиозы тыххæй. йæ лæджыгъæдæй буц уыдысты йæ хæс- тон æмбæлттæ, ирон адæм. Елиоз цы ’фсæддон хайы службæ кодта, уым æй хæххон Цæргæс хуыдтой. Фронтон газет «Тæхæг» Къудухты Елиозы тых- хæй иу уацы афтæ фыста: «Лейтенант Къудухты Елиоз у раз- вæдсгарæг, уый буц у йæ профессийæ. Нывгæнæг цъылынæг куыд дары йæ къухы, афтæ уый та йæ хæдтæхæг дары йæ къу- хы. Командæкæиынады-иу ахсджиаг зонæнтæ куы бахъуыдис ныхмæлæууæджы тыххæй, уæд-иу хъуыды дæр нæ акодтой, аф^ тæмæй-иу уыцы хъуыддаг бахæс кодтой Къудухты Елиозæн. Æмæ-иу уый дæр иттæг хорз сæххæст кодта йæ хæстон хæс. Æрыгон уæвгæйæ (22 азы йедтæмæ йыл нæ цæуы), Елиоз тæхы 495
алыгъуыз типон хæдтæхджытыл æмæ æнауæрдонæй дæрæн кæ- ны знæгты. 1943 азы февралы мæймæ уый акодта 67 развæд- сгарæн æмæ бирæ хæстон атахтытæ. Немыцаг тыхæйисджытимæ тохы хъæбатырдзинад %æмæ фндардзинад кæй равдыста, уый тыххæй Къудухты Елиоз хор- зæхджьш æрцыд «Сырх Тырысайы» орденæй. Уый уыдис 1942 азы январы. Райгуырæн бæстæйы патриот Къудухты Елиоз, æрыгон уæв- гæйæ, Фыдыбæстæйон хæсты фронты стыр кад скодта йæ уар- зон ирон адæмæн. Йе ’мтохон æмбæлттæн æмбисондæн баззад йæ ныфсхастдзинад, йæ арæхстджын архайд немыцаг абырджы- ты ныхмæ тохы. Цымыдисаг у, фронтон газет Къудухты Елиозæн йæхи тых- хæй цы уац фыста,,уый дæр: «Уымæ;н ис фæтæн риу, йæ ба- каст — уæйь!ггъуыз, йæ уæнгты конд — хъæддых, хæххон цæр- гæсау, йæ цæстытæ цæхæртæ калынц... Тæхы цыфæнды боны- гъæды дæр, æнæ искæй æххуысæй... Уæндон æмæ ныфсхаст кæй у, уый тыххæй цалдæр хатты райста командæкæ’нынадæй бузныгдзинад». Лейтенант Къудухты Ели-оз фæстаг хатт хайад иста Ленин- грады блокадæ атоныны сæрыл тохы æмæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кодта йæ хæстон хæс Райгуырæн бæстæйы раз,'Ленины горæты раз. Уыцы тохты тыххæй Къудухты Елиоз хорзæхджын æрцыд «Ленинграды хъахъхъæдады тыххæй», майданæй. Поэт Саулохты Мухтар йе ’мдзæвгæ «Къудухты Елиозæн», зæгъгæ, уым афтæ фыста: Цæргæсау-иу дæхи бæрзонд куы систай, Уæд-иу дæм худгæ, буцæй каст Кавказ. Бæрзонд хæхтæн сæ ныфс дæхимæ истай Æмæ сæ хъуыстай арфæйы ныхас: Бæззыс дæ райгуырæн бæстæн хъæбулæн, Елиоз! Дæ карз цæфтæй ызнаг .ныррызт! Нæй фесæфæн дæ кады ’рттивгæ хурæн, Дæ ном сыгъзæринæй уыдзæнис фыст. Уæдæ чи уыдис уыцы æхсарджын лæппу, немыцаг фашист- ты ныхмæ тохы ирон адæмæн кад чи скодта, уый? Уый уыдис Къудухты Иваны фырт Елиоз, рангуырди 1920 азы Хуссар Ирыстоны Бендеры хъæуы зæхкусæджьт хæдзары. Хæрз сывæллон уыдис, афтæмæй йæ фыд амардис æмæ баззад йæ мады ’вджид. 1930 азы йæ мад æмæ йе ’фсымæримæ цæрын- мæ æрцыдис Цхинвалы горæтмæ æмæ ахуыр кæнын райдыдта астæуккаг скъолайы. Фæстæдæр Цхинвалы горæты бакодтой аэроклуб. Уым ахуыр кодтой, Фыдыбæстæйон хæсты Советон Цæдисы Хъай- тартæ чи систы, уыцы арæхстджын тæхджытæ — Цоциты Вася æмæ Кобылты Серги. Æхсызгон сын уыд, ахæм æнæниз, фи- 496
дæрттæхонд, æвзыгъд æмæ цырд лæппу сæ къордмæ кæй æр- бацыд, уый. «Ацы лæппуйæ æнæмæнг хъæбатыр тæхæг рауай- дзæн», — арæх-иу дзырдта къорды хистæр Кобылты Сергей. Елиозы рагæй фæндыди тæхæг 'Суæвын æмæ ныр аэроклуб ит- тæг хорз .нысæнттимæ каст куы фæци, уæд æй, 1940 азы, Киро- воградмæ арвыстой æфсæддон-уæлдæфон скъоламæ ахуыркæ- ньшмæ. Уый фæстæ та ахуыр кодта Харьковы горæты. Елиозы фыдыбæстæйон хæст æрыййæфта Пензæйы горæты æмæ фронт- мæ дæр уырдыгæй ацыдис. Хорзæй хорз зæгъын хъæуы. Æцæг ирон лæппу уыдис Елиоз. Уый бирæ уарзта йæ райгуырæн бæстæ Ирыстоны, цыфæн- ды карз тохты рæстæджы дæр-иу æй нæ рох кодта, æмæ, гъе, уьшæ тæсгæ арæх фыста фыстæджытæ йæ уарзон мад Машо- мæ. Уый зыдта; фæлмæнзæрдæ ныййарæг — сидзæрхæссæг йæ фырты мæт кæй кæны æхсæвæй, бонæй, йæ зæрдæ йæм кæй æхсайы. Уæздан сылгоймаг уыдис йæ мад Машо, хъæбулуарзаг, цы йæ бон уыди-с, уымæй архайдта йæ сывæллæтты хъомыл кæны- ныл, уыдон сахуыр кæньгныл, адæмы рæгъы сæ ракæныныл. Йæ чысыл мыздæй ^бирæ азты дæргъы куыста чингуыты мага- зины уæйгæнæгæй) цух ницæмæй уагъта йæ сывæллæтты, ас- тæуккаг скъолатæ сын фæуынкæнын кодта æмæ, стæй уæд ал- чи дæр йæ уарзон професси равзæрста. Ныр йæ кæстæр лæгспу Елиоз оси тæхæг æмæ йæм афтæ фыста: «Мæ зынаргъ мад, æз æнæниз дæн^ сæрæгас, дæрæн кæнын фыдгул знæгты. Дæ зæр- дæ мæм ма ’хсайæд. Мæт ма кæн. Мæнæ тагъд хæст фæуыдзæн æмæ нæхимæ аздæхдзынæн».., Елиоз ахæм патриотикон фыстæджытæ арæх фыста, уый хорз æмбæрста Райгуырæн бæстæйы раз йæ хæстæ æмæ дзырд- та, зæгъгæ, фæстаг туджы æртахы онг тох кæндзынæн уыцы хæстæ сæххæсг кæныныл. Елиоз нал æрыздæхтис хæстæй, хъайтарон æгъдауæй мард фæци Фыдыбæстæйон хæсты фронты цæрынхъуагæй, фæлæ йын Райгуырæн бæстæ, ,йæ уарзон адæм йæ ном никуы ферох кæндзысты. Æнусмæ цæрдзæн сæ зæрдæты, уый тыххæй æмæ хъайтартæ нæ мæлынц. 32*
Мыкагъаты Геор АХÆМ У ЙÆ УДЫХЪÆД Ныхас кæй тыххæй цæуы, уыцы адæймаг æхсæвы куыста. Фæллад уыд, фæлæ нæ фæзивæг кодта мемæ фембæлынмæ. Ныхас кæнæм зæрдæйæ-зæрдæмæ. Уайтагъд бафиппайдтон: хиппæлойтæй нæу, нæ уарзы йæхи* стауын. Йæ ’цæсгом фен- цъылдтæ, йæ сæр фæхалас. Диосаг дæр нæу: азтæ сæ кæнон кæ- нынц. Æ|Нусы æмбисæй фылдæр рацыд Лохаты Дмитрийыл. Фæлæ йын йæ цæстмæ ничи бадардзæн, дæ рæстæг куыд дзæ- гъæлы аивгъуыдта, куыд ницы дын бантыст, зæгъгæ. Ацы тæн- тъихæг лæджы риуыл цæхæртæ калынц ордентæ æмæ майдан- тæ. Æдæлпæт æм дзы ис æхсæрдæс. Рахизырдыгæй «Сырх Стъалыйы» дыууæ ордены. Сæ фарсмæ — Адæмон хæдзарады æнтыстдзинæдты Равдысты майдан. Галиуырдыгæй — Ленины, «Фæллойадон Сырх Тырысайы» ордеитæ, «Фæллойы сгуыхтдзи- нады», «Хъæбатырдзинады», «Хæстон сгуыхтдзинады» æмæбирæ æндæр майдантæ. Кæсын сæм æмæ хъуыды кæньш: уыйбæрц хæрзиуджытæ райсьшы хъару йæм куыд разынд? Ныхасæй ны- хас къахгæйæ, раиртæстон æппæт дæр æмæ мæ фæнды, цæмæй Лохаты Дмитрийы базоной алкæм дæр. * * * 1930 аз. Нæ бæсгæйы хæдзарад индустрийы æмæ коллек- • тивизацийы бындурыл рацаразыны фыццаг бонтæ тынг мæгуы- рæй æрæййæфтой Лохаты бинонты. Джызæлы фæсвæд уынг- тæй иуы — сæ хъæмпæй æмбæрзт ныллæг хæдзар. Зæронд Али- 498
ханы сæйрагдæр æнцой уыдис зæрдæргъæвд лæппу Дмитрий. Хъæджй суг æрласынмæ, хæдзары фосмæ базилынмæ уый куы нæ февнæлдтаид, уæд зæронд фыды бон цастæ бауыдаид. ...Хъæуы цæрджытæ сфæнд кодтой сæ зæххы гæппæлтæ, сæ кусæг фос æмае кусæн дзаумæттæ баиу кæнын, иумæйаг хæ- ^зарад саразын. Йæ бæх баифтыгъта Алихан дæр. Бавæрдта дзы, Цы кусæндзаумæттæ йæм уыдис, уыдон æмæ фыццæгтимæ баДЫД уыцы ног хæдзарадмæ. ИвдДзинæдтæ æрцыди Дмитрийы царды дæр. 1931 азьг ахуыр кæньшмæ бацыд «Кавцинчы» ФЗУ-йы скъоламæ. Уым хъæуккаг лæппуйæн разынд æмбæлттæ: Фидараты Угъалыхъ, Туаты Верæ, 3;инæ Заклова.,. Лæппутæ æмæ чыз- джытæ хотæ æмæ æфсымæртау цардысты. Иумæ дих кодтой сæ къæбæр, сæ цæхх. Иу уыди <сæ зын, сæ цин. Уымæн æнтыст- джынæй каст фесты заводы скъола. Заводы разамынд сæ фа- растæй фæлтæрддзйнад райсынмæ арвыста горæт Лениногор- скы электролитонфæлварæн заводмæ. Æхсæз мæйы дæргъы Дмитрий æмæ йе ’мбæлттæ цымыдисæй ахуыр кодтой электро- литон цинк исыны дæсныйадыл. Ныр лæппутæ æмæ чызджытæм канд .техникон зоиындзи- нæдтæ нæ уыд, фæлæ куысты фæлтæрддзинад дæр. Ног тыхти- мæ æрбаздæхтысты сæ уарзон завод «Кавцинкмæ». Уæд афтæ хуыдтой «Электроцинчы». Лохаты Дмитрийы арвыстой хомаг фæрсудзæн цехы кусæгæй. Уыцы рæстæджы цех æххæст арæзг дæр нæма фæци; æхсæв-бон нæ зонгæйæ, аразджытимæ иумæ, куыстой Дмитр<ий æмæ йе ’мбæлттæ. Уыдонæй хуыздæр чи хъуа- мæ зыдтаид цехы кусæнгæрзтæ æмбырд кæнын, сæ бынæтты æвæрын! Уæдæй нырмæ рацыд 37 азы. Уыйбæрц рæстæг иу заводы, иу цехы!.. Цас хъарутæ, зомындзинæдтæ радта адæ&маг куыст- уатæн. Куыннæ хона Дмитрий заводы, цехы йæ дыккаг хæдзар. Иæ бинонты нымæцæй йæ куы фарстон, уæд мьтн загъта: , — Тьшг бирæ стæм!, Уый фæстæ мын худæнбылæй дзургæйæ афтæ: — О, адæймаг йе ’взонг азтæ, йæ царды фылдæр рæстæг кæм арвыста, уый у йæ дыккаг хæдзар, йæ коллектив та, би- нонтау кæй бауарзы, ахæм. Завод «Электроцинчы» сæйрагдæр цехтæй иу у, сыгъдæг- ^æнаан кæй хонынц, уый. Уырдæм судзæм цехæй хомаг донхуын заей цæуы сыгъдæг кæнынмæ. Ам цинк, кобальт æмæ кадми кæ- Рæдзийæ фæхицæн кæнынц. Цинк цæуы электролитон цехмæ> хомагæн йæ иннæ хай — кадмийы æмæ цинчы туагады цех?æм. оазьпгджын сты сыгъдæггæнæн цехы куыстытæ. Аппараттæм- кæсæг ку’Сашгæрзтимæ рæвдз куы арæхса, уæд афтæ кусдзысты заводы иннæ це&тæ дæр, Дæсгай азты дæргъы фæрсудзæнты Уæлхъус лæугæйæ, Лохайы фырт кæй ссыгъдæг кодта, уыцы хо« 499
магæй завод рауагъта мингай тоннæтæ хуызджын згъæртве, йæ зæрдиаг фæллойæн ын стыр аргъ скодтой парти æмæ Сове- тон хицауад: уыцы бирæ хæрзиуджытæ йын уы’й тыххæй рад- той. Фæлæ хæстон хæрзиуджытæ та? Куыд баиу сты уыдон ку- сæг лæджы риуыл? 1941 аз. Лохайы фыртмæ фæсидтысты æфсæддон къами- сариатмæ. — Æфсæддон ахуырты фæуын дæ иукъорд боны бахъæу- дзæн: — Кæд хъæуы, уæд æз цæттæ дæн! — загътæ Дмитрий. Гъе, уыцы ахуырты уæвгæйæ, райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Гитлерон тугдзых æрдонгтæ æрбабырстой нæ бæс- тæмæ. Хæсты быдырмæ ацыд металлург Лохаты Дмитрий дæр. ...Вислæйы былгæрон. Донæн йæ иу фарс сты советон æф- сæдтæ, иннæ фарс гитлеронтæ. Бастдзинадæн хæсты быдыры ис стыр ахадындзинад. Уый хорз æмбары радиойæдзурæныл кусæг Лохайы* фырт, бузныг дзы сты, æфсадæн разамынд чи дæтты, уыдон. Йе ’фсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй йын фыц- цаг майдан Вислæйы цур хæстыты радтой. Уый фæстæ дыккаг хæрзиуæг «Хъæбатырдзинады» майдан, стæй уæд «Сырх Стъа- лыйы» дыууæ ордены. Фæци Фыдабæстæйы Стыр хæст. Знаг дæрæнгонд æрцыд. Æмæ Лохайы фырт йе ’мбал уæлахизхæсджытимæ сæрысты- рæй сыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Ногæй та кусынмæ бацыд йæ уарзон заводмæ. Батылдта т.а Дмитрий йæ дыстæ. Фæрсудзæн кусæнгæрзтыл ногæй æрæвæрдта йæ дæрзæг къух- тæ. Хæсты азтæ сæ фæд ныууагътой заводыл. Æвæстиатæй уы- дис аразинаг. Аразджыты раззагдæр рæнхъыты чи лæууыд, уьь донæй та иу— Лохайы фырт.. Нæ зоны улæфт, нæ зоны фæл- лад, хъуамæ йе ’опæт хъарутæй тагъддæр скуса завод. 1947 аз. Уæд горæт Уст-Каменогорскы арæзт фæци электро- литон завод. Уый скусын кæныны, кусджытæн сæ фæлтæрддзи- над бацамоныны тыххæй «Электроцинкæй» арвыстой специа- Л!истты къорд. Уыдонимæ уыдис Лохаты Дмитрий дæр. Цыппар мæйы ног куыстуаты. Æрыгон металлургтæн фæлтæрдджын ку- сæг амоны йæ зонындзинæдтæ. Ам ын ссис бирæ хæлæрттæ. Гъе, афтæ, иу зьшæй иннæмæ, фæллойадон тохæй хæсты быдырмæ. Зæрдиаг фæллой кæнгæйæ, хæдæфсарм адæймаг ни- цы æвгъау кæны куыстуаты кад бæрзонд сисыны, Райгуырæн бæстæйæн фылдæр продукци уадзыны сæраппонд. Уымæ гæсгæ 1962 азы Лохайы фыртæн лæвæрд æрцыд тæккæ уæлдæр хæр- зиуæг — Ленины орден. Заводы металлургтæ ныртæккæ бацыдысты Владимир Илшч Ленины райгуырдыл 100 азы сæххæсты боны кадæн фæллойа- дон ерысы. Уыцы кадджын тохы хъуыддагæн йæ развæндаг- амонджытæй иу у Дмитрий. Уый, раздæрау, ныр дæр фæзминаг у йе ’мбæлттæн. Йæ ахуыргæнинæгтæ Павел Шведов, Гуыдиа- 500
тЫ Ахболат, Хъаныхъуаты Тугъан æмæ бирæ æндæртæ стыр аргъ кæнынц Лохайы фыртæн. Кæддæры «Кавцинчы» талынг цехтимæ абаргæйæ, ныр за- БОд бынтондæр аивта йæ хуыз. Уæнгдихæн йæ кой дæр пгл ис, раивтой йæ автоматтæ. Уымæй рухс у зæронд металлурджы зæрДæ- ^ым ис йæ фзеллойы хай дæр. Фæлæ цæуынц азтæ, уа- дзынц сæ фæд адæймаджы уæнгты. Дм>итрийы бахъæудзæн йæ фæллад уадзынмæ ацæуын. Ау, æмæ уæд нымад нал уыдзæн металлургты бинонтыл? Ууыл Лохайы фырт рагæй хъуыды кæ- нЫ: улæфынмæ куы ацæуа, уæд заводы йæ бæсты кусгæ ныу- уадздзæн йæхи хъомылгонд фæсивæды. йæ цардæмбал Ва- лептинæ æхсæзæм аз кусы металлургтимæ, йæ чызг Галя дæр, иуæндæс къласы фæугæйæ, кусын райдыдта заводы лабора- торийы. Йæ фырт Юрæ дæр астæуккаг скъолайы фæстæ куыстл нæ фыдимæ, фæлæ йæм æрæджы фæсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм, куы сыздæха, уæд та тюгæй (æрлзеудзæн металлург- ты æмрæнхъ. Ахæм у кусæг лæджы удыхъæд, йæ царды нысан. Комму- нист Лохаты Дмитрийæн абон дæр йæ бон у йæ фæллад суа- дзынмæ ацæуын. 37 азы дæргъы зæрдиагæй кæм фæкуыста, уым баззайдзæн йæ фæд, зæронд металлурджы фæллойадон тыры- са дарддæр ахæсдзысты йæ цот. — Фæлæ нырма рог сты мæ уæнгтæ, бирæ тых ма мæм ис, акусдзынæн ма,—зæгъы Дмитрий. Æмæ сменæйы партиоп къорды раздзог канд фæрсудзæнтыл кусынæй нæ хицæн кæны йæ хæс. Улæфты рæстæг металлургтæ æрæмбырд вæййынц йæ разы. Уый сын фæдзуры бæстæйы хабæрттæ, разæнгард сæ кæ- ны ног æнтыстдзинæдтæм. — Хорз адæм нæм кусы. Сменæ хонынц интернационалон. Ирæттæ Хъабанты Барис, Гуцаты Мæирбег, уырыссæгтæ Иван Топунков, Бетиков Павел, сомихæгтæ, гуырдзиæгтæ... кусæм æмæ цæрæм, æфсымæртау. Уый нын дæтты ног тыхтæ хуыздæр кусынæн, — сæрыстырæй зæгъы Дмитрий.
Голоты Владимир УЫИ СХЪОМЫЛ ЦХИНВАЛЫ Фыдгул знаг нæ Райгуырæн бæстæмæ мæнгардæй куы æр- бабырста, хæсты пиллоны сау; бæзджын фæздæг !нæ сæрмæ, ми- гъау, куы ныббадт æмæ хуры куы бамбæрзта, хæсты цæхæры куы сыгъдысты нæ хъæутæ æмæ нæ горæттæ, уарзон Коммунис- тон партийы шдтмæ гæсгæ советон адæм стырæй, чысылæй, нæлгоймагæй, сылгоймагæй куы растадысты фашистон тыхæй- исджыты ныхмæ, уæд знагыл æппæты фыццаг чи амбæлд æмæ’ йын фидар ныхкъуырд чи лæвæрдта, уыдоны ’хсæн уыд цхин- вайлаг уырыссаг лæппу Иван Антоны фырт Масалов дæр. Иван Советон Æфсады рæнхъытæм ацыд Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ æмæ æфсæддон æмæ политикон ахуыры хорз ■æнтыстытæ кæй æвдыста, уый тыххæй йæ бирæ уарзтой хис- тæртæ. 1940 азы кæрон Иван цы артиллерион полчы службæ код- та, уый хистæртæ сæрмагонд фыстæг æрырвыстой йæ мад Аг- рафиня Мойсеевнамæ. Уыцы фыстæджы дзырдæуыд: «...Уæ фырт цытимæ æххæст кæны йæ хæс Райгуырæ.н бæс- тæйы раз... Мах дзы буц сгæм. Уымæн ^æмæ уый у нæ адæмы æцæг хъæбул, социалистон Райгуырæн ^бæстæйыл кæронмæ æнувыд»... Хæсты тæккæ райдианы, артилерион дивизионы къамисар уæвгæйæ, Иван Масалов йæ хæстонтæн бамбарын кодта, фа- 502
щизм адæмы иууыл æлгъагдæр знаг кæй у, уы , со< сæ кодта хъæбатырæй тох кæнынмæ. Хæсты райдианы фыццаг бонæй фæстæмæ дивиаион иттæг хорз æххæст кодта. командæкæнынады хæслæвæрдтæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй-иу хæсты райдианы советон æфсæдтæ кæд хъæддыхæй тох коДтой, уæддæр "бахъуыд фæс- тæмæ алæууын. Уыцы уæззау æмæ тæссаг бонты æфсады поли- тикон кусджытæй домдæуыд стыр куыст бакæнын. Иван арæхстис хæстонты зæрдæтæм ныккæсын æмæ семæ ныхас кæнынмæ. Уымæ-иу чи байхъуыста, уый-иу бынтон фен- дæр, уæлахизы тыххæй-иу æм фидар уырнындзинад фæзынд æмæ-иу дывæр тыхæй тох кодта знаджы ныхмæ. Æмæ канд дзыхы дзырдæй нæ разæнгард кодта йæ хæстонты, фæлæ ма йæхи уæндондзинад æмæ хъæбатырдзинадæй дæр. Уый-иу алы тохы дæр уыд иууыл тæссагдæр бынæтты. Масаловы дивизионы артиллеристтæ бирæ тохты фесгуых- тысты. Знаджы, атакæтæй иу «æмæ дыууæ яæ ныффалгæрон код- той. Уыдон сармадзанты нæмгуытæй фæцагъды сты мингай фа- шисттæ, куынæг æрцыд сæдæгай танкæтæ æмæ æндæр техникæ. Дивизион уæлдай стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыста горæттæ Ростов æмæ Ворошиловграды районты. Ныхмæлæууæг тохтæм æппæрста ног æмæ ног тыхтæ, уæлдайдæр та танкæтæ. Див:изи- оны хæстонтæ, æнæрулæфгæйæ, дæрæн кодтой знаджы. Сарма- дзантæ-иу стæвд сты, къухтæ сыл сыгъдысты, фæлæ-иу уæддæр æхстой, анаджы размæ ракъахдзæф кæнын нæ уагътой. Иваи алы хатт дæр уыд йæ артиллеристты уæлхъус, разамынд сын кодта, лæвæрдта сын тых æмæ хъару. 1942 азы Ворошиловграды цур стыр тохтæ цыд... Иван цы дивизионы уыд, уый хъæбатырæй тох кодта. Сæ мæлæтхæссæг уæзтимæ æрбатахтысты фашистон хæдтæхджытæ. Уыдон бирæ бомбæтæ æркалдтой дивизионы батареятыл. Хъæбатыр артил- леристтæ уæддæр сæ тох нæ уагътой. Иван уыд тохы тæккæ цæхæры. йæ тæккæ цур æрхауд æмæ фехæлд бомбæ. Иванæн йæ цæстытæ атарытæ сты æмæ зæххыл æрхауд. Уайтагъд æй аскъæфтой фæсфæд. йæ сæр æмæ йæ къах уæзэау цæфтæ уы- дысты. Куы æрчъицыдта, уæд фыццаг афарста, знаг кæд нæ рабырста, зæгъгæ. Уæззау, мæлæтдзаг цæф уæвгæйæ, хъæбатыр къам’исар йæхиуыл нæ хъуыды кодта, фæлæ йæ дивизионыл. Уый æнхъæл уыд, эæгъгæ, тагъд йæ цæфты хъæдгæмттæ бай- гас уыдзысты æмæ та ацæудзæн фронтмæ. Афтæ фыста йæ бинонтæм дæр. «Мæ маст ма кæнут, æз фæцæф дæн æмæ ныр- тæккæ госпиталы дæн. Куыддæр мæ къахыл слæууон, афтæ та ацæудзынæн фронтмæ»... Фæлæ нал бантыст Иван Масаловæн фронтмæ ацæуын, но- гæй фашистты дæрæн кæнын. Нал федта уæлахизы бон дæр, кæд йæ царды иууыл стырдæр бæллиц уый уыд, уæддæр. Тохы цы лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдыста, уы- 503
дон бахынцгæйæ, фронты командæкæнынад ССР Цæдисы Сæй- раг Советы Президиумы номæй гвардийы политрук Иван Анто- ны фырт Масаловы схорзæхджын кодта «Сырх Тырысайы» ор- денæй æмæ йын радта хистæр политрукы ном. Ацы цины хабæрттæ дæр нал фехъуыста Иван. Дохтыртæ æппæт амæлттæй архайдтой æвзон’г Иваны мæлæты дзæмбы-* тæй ратоныныл, фæлæ сын лалбантыст.
Годжыцаты Ясон ЦАРД ФÆХУЫЗДÆРÆН... Арвыл иу мигъы бындзыг дæр иæ зынд. Хуры тынтæ зæх- мæ, цыхцырæгау, уырдыг ныллæууыдысты æмæ, тад сыгъзæри- нау, зæххыл ивылæнтæ кодтой. Захъхъоры колхозон хъугæмтты адæмы уынæр нæ сысти. Нартхæрттæ оæ фæтæн цъæх хъустæ цины тылд кодтой, æхсыз- гон сын уыд, <сæ алфæмбылай кæрдæджытæй кæй ирвæзтысты, сæ зæнгтыл сын хæмпус сау сыджыт кæй калдтой фæтæн къæ* питæ. Нартхоры хуымтæй хъуысшс адæмы цины хъæлæба, рув- гæ-рувын чи заргæ кодта, чи — йæ сыхаджимæ адджын .ныхас. Уыцы бон, зноны хуызæн, лæууы Елиозы зæрдыл... Гъе, уыцы хурбон фæдисы æрбахастæуыд æбуалгъы ха- бар: — фашистон Герман æрбабырста нæ Райгуырæн бæс- гæмæ... Алчи хæстмæ арвыста й.æ дарæджы. Æгуыппæг уæлдæфы- иу райхъуыст кæйдæр зарын: уый фыдыбæстæхъахъхъæнджы- тæ кодтой тохмæ фæндарасты зарджытæ. йæ хъæубæсты фæсн- вæдимæ уæззау хæстмæ рацыдис уæд Мæргъиты Елиоз дæр. Хæцæнгарзæй раивта йæ чингуытæ. 1942 азы Елиозæн лæвæрд æрцыд хистæр хержанты ном азмæ сси взводы командиры хæдивæг. йе змæлд — цырд, йæ сфхайд — арæхстджын. Хæххон æвзыгъд лæппу йе ’мгæртты ’хсæн уыди цæвиттойнаг. йæ командир æй хуыдта хæххон хъæ- батыр. Цæхæртæкалгæ дахтысты хæстон бонтæ. Декабры иу уазал талынг æхсæв, носау, баззад Мæргъийы фырты зæрдæйы. Стыр бæрнон хæс радтой Елиозæн. Фашист- ты пулемет ныппырх кæнын хъуыдис æвæстиатæй. Æхсæвы тар æххуыс кодта. лæппуйæн. Бирæ фæбырыд Елиоз йæ гуыбы- 505^
ны цъарыл, фæстагмæ бахæццæ .нысан бынатмæ. Уæртæ разьш- дысты фашистон лæгмартæ. Куыйты рæйынау æм æрбайхъуыст сæ ныхас. Буар ризы, Елмоз тæрсы, куынæ сарæхса, уымæй. Баввахс сæм ис гранат фехсыны бæрц. Ныр ын нал аирвæз- дзысты. Зæхх нырризæгау кодта тыхджын срæмыгъдæй æмæ хъæбатыр хæстон ауыдта, фашистон афицер æмæ йæ фондз сал- даты гранаттæ фæйнæрдæм гæбазгай куыд фæхастой, уый. Мæргъийы фырт уыцы ммнут йæхи раппæрста фæстæмæ. Лыгъ- дис гуыбыр-гуыбыр, тагъд, фæлæ йæ мæнæ раййæфта фыДгулы нæмыг. Уæззау цæф фæци лæппу, уæддæр йæхи уацары нæ рад- та, бынатмæ ма йæ фарсыл фæбырыд. Æртæ мæйы бæрц фæхуыссыд æфсæддон рынчындоны. Стæй та ногæй — фронт. 1943 азы 3 пюны райсомæй раджы сцырьш ис карз тох. Не ’фсæддон хæйттæн бантыст размæ хъазуатæй абырсын. Йа* автомат йæ къухы, афтæмæй иннæ хæстонтимæ иумæ знаджы сырдта Елиоз дæр. Фæлæ æвиппайды... Ауыдта ма, бурдзалыг фашист ыл гранат куыд æрбахста, уый. Стæй ницыуал бам- бæрста, раст æй цыма æвирхъау стыр сæрсæфæнмæ фехстæуыд, уыйау. Атарытæ сты йæ цæстытæ, цыдæр æнахуыд’ рог банкъард- та йæхи, æмæ ууыл аскъуыд йæ хъуыды... Æрмæст дыккаг бон æрцыдис йе ’муд. Йæ алфæмбылай уыд сабыр. Хæсты нæрын ма хъуыст разæй, дард кæцæйдæр. -Лæппуйæн йæ ком уыд бынтон сур, фырдойныйæ йæ былтæ æх- сыдта. Тыхамæлттæй æркаст йæ бынмæ æмæ федта, туджы ма- лы кæй хуыссы. Йæ фæстаг тыхтæ æрæмбырд кодта æмæ йа* фарсыл бырын райдыдта. Иу ададжы кæронмæ бахылд, фæцу- дыдта æмæ ныххауд былæй, йæ хъæдгæмттæ ныццавта æмæ та бауадзыг. Цыппæрæм бон Елиозы осардтой медицинон хотæ, ахастой йæ æмæ йæ схуыссын кодтой Краснодары æфсæддон рынчын- дæттæй иуы. Уый фæстæ та йæ раластой Кисловодскмæ. Лæппу бирæ туг фесæфта, ’Гранаты схъистæй йæ буары баз- зад авд æмæ ссæдз. Уæддæр хорз уыд, æмæ дзы йæ зæрдæйыл ничи сæмбæлд. Мæргъийы фыртмæ разынд æнахуыр цæрдхъом- дзинад. йæ буары цы гранаты схъистæ баззад, уыдон се ’ппæт сисын дохтыртæн иæ бантыст, фæлæ йæ уæддæр сдзæбæх код- той æмæ 1944 азы апрелы æд хæрзиуджытæ æрыздæхт йæ рай- гуырæн хъæу Захъормæ. * * * Мæргъийы фырт .ныр фынддæс азы дæргъы арæхстджынæй разамынд дæтты йæ райгуырæн хъæуы Советæн. Æрæджы та уыдтæн уыцы хъæуы. — Æз райгуырдтæн паддзахы заман, — загъта уæлшаг- захъойраг Тотаты Сакри. — Цæуы мыл 80 азмæ ’ввахс æмæ мæ хъуыдыйы дæр никуы уыд, Захъоры хуызæн хæххсш хъæуы 506
электрон цырæгътæ осудздзæн, уый. Фæлæ мæ уд <сæ фæхъхъау нæ парти æмæ нæ хицауадæн, фæллойгæнæг адæмыл афтæ чи ауды. Хорз ’сьш æххæст кæны сæ дзырд нæхи Елиоз, уыцы рухс зербауадзыныл хорз бацархайдта... — Хъуыды ма кæныс, рагæй фæстæмæ дæр .нæ комбæсты цас фыдæбон кодтой, райаны центрмæ нын-иу хуызæнæн къах- вæндаг дæр кæй нæ уыд, уый тыххæй? — йæ ныхас æрбаппæрс- та ацæргæ лæг Мæргъиты Алекси дæр. — Ныр ыын, мæ хур, Ле- нингормæ Хъанчаветыл нæ хъæусовет -саразын кодта фæндаг æмæ дзы, цæй, куыннæ раппæлæм! Дзæгъæлы афтæ райгонд не сты Елиозæй йæ комбæстæ. Канд рухс фæндæгты хабар нæ, фæлæ æппæт Лехурагомы хъæу- ты дæр ныр ис радио, алы колхозы дæр æвæрд æрцыд телефон. Захъоры цæугæдоныл нæ уыд хид, æмæ адæм бирæ фыдæ- бон кодтой. Ацы хъуыддаг дæр Мæргъийы фыртæй нæ баззад рохуаты. Хъæусоветы депутаттæ актив,имæ иумæ бауынаффæ кодтой ацы фарстыл æмæ доны сæрты сарæзтой ауыгъд хид. Хъæуы скъолайы ахуыргæнджытæй æндæр рæттæй æрцæуæг чи уыд, уыдон арæх хъаст кодтой, æххуырст хæдзæртты кæй цар^ дысты, уый тыххæй. Ахуыргæнджыты ныхæстæ æрцыдысты Елиозы хъустыл. Уый уæлдæр органты раз æрæвæрдта фарст æмæ Захъоры арæзт æрцыд æмдзæрæн. Уæллаг Захъоры ’нæ уыд райдайæн скъолайæн сæрмагонд агъуыст. Дæллаг Захъоры цæрджытæ та бирæ рæстæджы тыхс- тысты æнæ куыройæ. Ацы хъуыддæгтыл дæр хъæусоветы де- путаттæ зæрдиагæй бакуыстой æмæ сæххæст кодтой æвзарджы- ты домæнтæ. Елиоз бирæ хъуыддæгтæ -сарæзта Лехурагомы фæллоГь гæнджыты цард фæхуыздæр кæнынæн.
Тасойты Баграт ВАЗЫГДЖЫН ФÆНДАГ 1941 аз. Карз зымæг. 29 декабры Дауыты æфсæддон хай> иттæг зын уавæрты горæт Тамацийæ æрбахызт горæт Керчмæ æмæ æрбынат кодта Керчæй Байковы номыл заводы ’хсæн: Сьг хаг æфсæддон хæйттæ дæр рахызтысты Таманы æрдæгсакъа- дах Комсомольскæй, Керчмæ æмæ Камышбруммæ. 1941 азы декабрæй 1942 азы маймæ 390 æхсæг дивизийы сконды хъæба- тырæй тох кодта Мæргъиты Дауыты æфсæддон хай. Арæх фæл- вæрдтой знаджы хъахъхъæдадон хахх атоныныл, фæлæ уый сæ къухты не ’фтьтд. Иууыл карздæр тохтæ райдыдтой 1942 азы 27 февралы. Бон-иу цалдæр хатты бацыдысты знагимæ джебогъæн хæсты. Дыккаг карз тохтæ уыдысты 1942 азы 13 марты. Уыдо-н аха- стой æнæхъæн 12 боны бæрц. Станц Семисоткæ цыдис къухæй- къухмæ, советон æфсæдтæ та-иу баца,хстой сæ раздæры позици- тæ. Хидæн зенитон дивизионæн бардзырд лæвæрд уыд, цæмæн æфсæддон хайы фæстæалæуд ифтонг кодтаид. 5 майæ 13 маймæ ацы дивизион «ыхкъуырд лæвæрдта немыцæгты размæбырстæн Ивановкæйы хъæуы цур. Ам фыццаг хатт фæ1цæф Дауыт. 13 майæ 22 маймæ Дауыт цæфæй уыд Бойковы заводы цур. Ардыгæй аленк кодта йе ’фсæддон хай Таманы æрдæгсакъа- дахмæ. 22 майы изæры æрыздæхт фæстаг нау, фæлæ йæ немыц кæронмæ нæ бауагътой, æхстой йæ пулеметтæ æмæ автомат- тæй. Дауыт сфæнд кодта, цæйнæфæлтау сæ къухы бахауон удæгасæй, фæлтау доны бын мæлæт хуыздæр у, æмæ баленк ^одта ирвæзынгæнджыты æххуысæй наумæ. Уый уыд æхсæвы 12 508
сахатыл. Райсоммæ бахæццæ сты горæт Таманмæ, уым сыл радтой фыццаг медицинон æххуыс, стæй йæ æндæр цæф афи- цертимæ арвыстой горæт Ессентукы госпиталмæ. Уырдыгæй та санаторимæ. Чысыл рæстæг фæсчъылдым баслужбæйы фæстæ та фæз- зæджы Дауыт ногæй ис 4-æм Украинаг фронты. Ам æй бирæ зындзинæдтæ аиуварс кæнын бахъуыд. Рахызт бæрзонд карпа- таг зындзæуæн хæхтыл. Хæцыд СОонтимæ æмæ Райгуырæн бæстыл гадзрахатæйцæуæг власовонтимæ. 1942 азæй 1946 азмæ Дауыт хайад иста 66 гвардион Сырх- тырысаджын полтавæйаг дивизийы сконды. Уый уыд штурмгæ- пæг дивизи æмæ иудадзыг цыд, фронты иу ранæй иннæ ранмæ знаджы хъахъхъæдадон хахх атонын кæм хъуыд, уырдæм. Иæ зæрдыл ма лæууыд Дауытæн Карпаты хæхтыл тохтæй иууыл зындæртæ — горæттæ: Балехово, Драгобич æмæ Станиславы цурты. Карпаты хæхтыл тохты Дауыт дыккаг хатт фæцæф снаряды схъисæй. Дыккаг бон æй сапертæ ссардтой æмæ йæ æрластой санитарон батальонмæ. Карпаты хæхты тохты тыххæй Дауыт фыццаг хатт хорзæх- джын æрцыд «Сырх Стъалыйы» орденæй. Мæргъийы фырт, минометон ротæйыл командæкæнгæйæ, ак- тивон хайад иста Венгрийы столицæ Будапешт осæрлбар кæ- Рхыныл тохты. Ам 45 боны дæргъы цыдысты карз тохтæ алы уынг, алы квартал, æмæ, æгæрыстæмæй, алы хæдзарыл дæр. Ацы тохты Дауыт стыр хъæбатырдзинад кæй равдыста,уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Александр Невскийы орденæй æмæ райста уæлдæр комаадæкæнынады сæрмагонд бузныгдзк- над. Фронты командæкæнынады бардзырд, Балатоны цады цур (Венгри) знагæн кæй ис зæххы бын стыр завод, уый уадзы тан- кæтæ «Тигр». Æфсæддон хайæн бардзырд лæвæрд æрцыд горæг Будапештæй 9 километры дæлдæр Дунайыл ахизын æмæ зна- джы Будафокæй фæтæрын æмæ йын æрфидар кæныны фадатма радтыны тыххæй. Командæкæныыады бардзырд æххæст æрцыд. Балатоны цады цур карз тохты тыххæй Мæргъийы фырт райста æртыккаг хорзæх — «Сырх Стъалыйы» орден. Австрийы территорийыл зындæр хæцæл уыд Карпаты хæх- тæй. Ам хæхтæ сты иууылдæр къæдзæх, зындзæуæн. Салдæт- тæ æмæ-иу афицертæ, бæрзонд хæхтæм цæугæйæ, акалдтой оæ хæлцадон продукттæ æмæ-иу сæ хызынты нывæрдтой минæтæ æмæ снарядтæ, нæмгуытæ æмæ гранаттæ. Хохмæ-иу æккойæ хастой 82-миллиметрон минометтæ, уæззау пулеметтæ æмæ æнд. хæцæнгæрзтæ. Австрийы арæнтыл советон æфсæдты ныхмæ тох кодтой СС-онтæ æмæ власовонтæ. 509
8 майы æппæт фронтыл дæр айхъуыст, немыцаг æфсады сæйраг командæкæнынад капитуляцийы актыл йæ къух кæй æр- фыста, уый. Дауыт Советон Æфсадæй æрыздæхт 1946 азы майы æмæ ку- сын райдыдта Цæгат Ирыстоны АССР финансты Минжгтрады. Уый фæстæ та куыста Орджоникидзейы горæтон органты. Мæр- гьийы фырт æнтысгæйæ фæцис ам дыууæазон партион скъола,- фæлæ йæм финаисон куыстмæ фылдæр æвзыгъддзинад «æн уыд, уымæ гæсгæ та йæ СЦКП Цæгат Ирыстоны обком 1949 азы арвыста Мæздæджы районы финансты хайады сæргълæууæгæи, уый фæстæ йæ раразмæ кодтой ацы районы æххæсткомы сæр- дары хæдивæгæй. Дауыт Ленинграды финансон-экономикон институт фæсау уонмæ каст фæци 1955 азы æмæ ССР Цæдисы финансты Минист- рады бардзырдмæ гæсгæ уьщы аз Дауыт æрвыст æрцыд Цæцæн- Мæхъæлы АССР финансты Министрады бюджетон секторы хис- тæрæй, уый уыд 'Министры хæдивæг дæр. 1955 азæй фæстæ^мæ кусы паддзахадон фæдзæхстады Хуссар Ирыстоны Управленийьь хистæрæй.
Асаты Реуаз ИРОН ПАРТИЗАНТÆ ФРАНЦЫ Дæс азы размæ æз фыццаг хатт Франды зæхмæ бахызтæн, куыд советон турист, афтæ. Уый уыдис Нормандийы, Антланти- кон океаны наулæууæн горæт Гавр. Вакзалмæ бацæуæны лæу- >ыд зæронд ус, йæ разы чысыл къалатийы алыгъуызон дидин- джытæ. Алы хуызтæй дæр-иу фæйнæ фелвæста, баиу сæ-иу код- та æмæ-иу сæ нæ риутæм æрбахаста, арфæтæ кæнгæйæ: — Бон жур, конрад! Æгас нæм цæут! — зæгъгæ. — Ацы дидинджытæ æрзадысты иу зæххыл, фæлæ сæ хуыз- тæ сты æндæр æмæ æндæр. Хатт афтæ вæййынц мады хъæбул- тæ дæр: чи — урсцъар, чи — бурхил, чи та — саулагьз... Æмæ сегасы дæр иугъуызон фæнды цæрын сæхи фæндиаг Мæнæн ма> иунæг лæппу мард фæцис Уырысы зæххыл дыккаг дунейон хæс- ты. Дзурын уæм, хуыцаумæ лæгъзтæгæнæгау, хæст мауал æруа- дзут, сымах тыхджын стут, — æмæ йæхиуыл дзуæрттæ бафтыд- та... Æз уыцы францаг зæронд усмæ куы хъуыстон, уæд мæнæн мæ фæсонæрхæджы дæр «æ уыдис, ам, Франды заххыл та пит- лерон абырджытæй ссæрибар кæныны сæрыл карз тохты хайад кæй истой ирон хæстонтæ æмæ дзы бирæтæ хъæбатырæй мард кæй фесты. Уый нæ, фæлæ мæнмæ афтæ каст, цыма ирон лæгæй ацы зæхмæ* фыццаг хатт æз æрбавæрдтон мæ къах. Афтæмæйта дзы мæ размæ цытæ ’рцыд, уый куьг зониккат, уæд нормандлаг 511'
зæронд усæн бæргæ радзырдтаин æз дæр мæ зæрдæйы рис, зæ- гъгæ, авиаполк «Норманди-Неман»-ы хæстонтæ советон зæхх куы сæрибар кодтой, уæд ме ’мтуг æмæ ме ’мыстæг ирон парти- зантæ та хæцыдысты Францы зæхх ссæрибар кæныныл. Абон дæр ма мæ зæрдыл лæууынц, Францы зæххыл цытæ федтон, уы- дон: æмæ, чизоны, уыцы æфсымæрон уæлмæрды ме ’мзæххон ирон Лæппутæ дæр æнцойад кæнынц, чизоны сын фæсхæст сæ тохы фæндагыл фæцыдтæн, сæ къæхты фæдтыл æз дæр æрлæу- уыдтæн. Фæлæ йын уæд >цы зыдтон. Мæхъиты-Хетæгкаты Алексаадр (Саша) цы партизаноя къордæн разамынд кодта, уый чысыл мыййаг нæ уыд — уыдис дзы 1800 хæстоны. — Æз сегасы дæр хорз хъуыды кæнын, — тохты мард чи фæ- цис, уыдоны дæр, æмæ Райгуырæн бæстæм фæсхæст удæгасæй чи æрыздæхт, уыдоны дæр (уыдон уыдзысты 50 адæймагæй фыл- дæр), — радзырдта мьш,1партизанты къорд Францы зæххыл чи æрæмбырд кодта, хæсты райдианæй йæ фæудмæ сæ иузæрдион раздзог чи уыдис, йæ хæстон æмбæлттæ «ирон Чапаев» кæй хуыдтой, уый — Мæхъиты-Хетæпкаты Александр (Саша) Илья- йы фырт. — Æмæ ма дæ мыггаг Хетæгкатæй та чердаш фæци, аипп ма уæд афæрсын, фæлæ? — бафтыдтон ма мæ ныхаскæ æз хъазæн- æмхасæн. Фæлæ уый, куыд рабæрæг, афтæмæй хъазæн хъуыд даг нæ уыд: — Фыдызнæлтæ нæ цæфтæй æдзух мысты хуынкъ туманæй куы агуырдтой, уæд, æвæццæгæн, ахъуыды кодтой: цæй-ма, сæ раздзоджы сын æрцахсæм, æмæ уæд партизаеты къордæн — капут! Ахæм хъусинаг фæзынд фашистон газетты, къултыл конд мыхуыргонд сыфты, цыдис дзыхæй-дзыхмæ: — Мæхъиты Сашайы удæгасæй чи ’ршахса, уымæн 200.000 франкы, чи йæ амара, уымæн та — 100.000 франкы лæвар... Уый куы ’рыхъуыстон, уæд æз дæр мæ мыггаг, Къостайы цытæн, Хетæгкатæй раивтон, — загъта Мæхъиты Саша æмæма йæ ныхæстæм бæзджын хъæлæсæй бафтыдта: «Гъе уый дын мæ митæ, — Куыд фæнды сæ ком!». — Мæ мыггаг кæй раивтон, уый базыдтой ме ’ввахсдæр фæдонтæ æмæ йыл стыр разæнгардæй сæмбæлдысты ирон лæп- путæ æмæ стæй уырыс, гуырдзы, украинæгтæ, францæгтæ да*р (бирæ мыггæгтæ хæцыд нæ партизанон .къорды, æгæрыстæма^й, •немьщæй уацары кæй ракодтам, уыдон дæр æгъатырæй цагътой гитлерон абырджыты, сæ райгуырæн Германы сомбоны хорз хъысмæтыл хъуыды кæнгæйæ). Хетæгкаты Къостайы та зыдто"! нæ партизантæй бирæтæ сæхæдæг дæр йæ чингуытæй^ кæм га ма;х — ирæтты фæрцы: йе ’мдзæвгæтæ æмæ сын йæ царды ха- бæрттæ дзырдтам æнæкæсгæйæ. Немыцæгтæ-иу иронау Къоста- 512
;1Ы «Балцы зарæг» кæнæ «Додоймæ» куы хъуыстой, уæд-иу сæ- :<и ’взаджы музыкæ сæ хъустыл ауад... — Уæлахиз уæд, ахæм хъæбатыр фырттæ чи схъомыл кодта, чыцьг адæмæн К/ьостайы пом! — гаджидау рауагъта, Тбилисы уыиы партизанон къорды раздæры хæстонтимæ фынгылнемæчи бадтис, уый — Михайловский Дмитри Федыры фырт, Советон .Ефсады раздæры булкъон, дивизийы комаздир, Францы леген- дарон партизанон отряды раздæры хистæр... Чн уыдысты уыды хæстонтæ, æцæгæлон зæххыл сæ райгуы- рæн Советон бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæ- рыл хъаптарæй чи тох кодта æмæ-иу бахъуаджы сахат сæ цард цер чи радта, уыдон? Мæнмæ гæсгæ, хорз уыдзæн, сæ нæмтга ,омæ сын сæ мыггæгтæ куы ранымайæм, уæд. Уадз æмæ сæ ба- мæсой адæм. Чизоны сæ исчи искæн зоны тохы дæр æмæкуыстьГ дæр. Уадз æмæ кæрæдзийыл сæмбæлой, уал азы сæ райгурæн бæсгæй дард ран хæтæихъуагæй æрыздæхгæйæ, æмæ æрымысой са> хъуæгга, сæ ристæ, сæ цинтæ. Уæдæ афтæ! Мæнæ уын уыцы æмбæлтты номхыгъд, хуымæ- ^æджы номхыгъд мыййагнæ, фæлæ иууыл уæззаудæр хæстыты- мьигъты доп ^мае зынджы чи лæгæрста, уыдон номхыгъд: Ирон лæппутæ — Мæхъиты-Хетæгкаты Саша — лартизанты къарды раздзог, Тыджыты Серги, Хъесаты Григол, Джлголаты Харитон, Плиты Григол, Цхуырбаты Серги, Тедеты Григол, гуырдзиæгтæ: Владимир Гвенетадзе *— къорды командиры хæ- дивæг, Александр Поцхверия — къорды комиссар, Вано Гулма- гарашвили, Иона Симония, Манана Мчъедлишвили — медици- жж хо, Серго Къобаладзе, Григол Хачъапъуридзе, Константин Къаландия, Симон Никъолаишвили, Александр Морчиладзе, Длександр Гогодзе, æфсымæртæ Лео æмæ Георгий Байрамашви- литæ, Георгий Оболгогиани, Михаил Лаишвили, Виктор Алим- барашвили, Александр Цхомария, абхазаг Михаил Ачба, уырыс- саг МихайлЪвский Дмитри, оомихаг Николай Арутюнов, украи- .чæгтæ Виктор Алексеенко, Иван Пилипенко... Сегасы чи фæнымайдзæн! ■33-
Хъуылаты Чермен ДЫУУАДÆС ХÆРЗИУÆДЖЫ Югославаг адæмы хъæбатыр фырт, раздæры ахуыргæнæг Олеко Дундич иу хатт йе ’хсаргардмæ фæкомкоммæ æмæ афтæ: — Æвæдза, бирæ лъеротæ дзы рауаид, тынг бирæ пъеротæ!.. Хуымæтæг, фæлæ арф, хъуыдыджын ныхæстæ уыдысты уы- дон.чПолчы командир хæсты быдыры кæд аргъæуттæй ист хъайтарты хуызæн сгуыхтдзинæдтæ æвдыста, уæддæр зæрдæйæ баст уыдис сабыр цардимæ, йæ уарзон дæсныйадимæ, скъола- дзаутимæ. Суанг йæ сабийы бонтæй фæстæмæ ахуыргæнæджы куыст бауарзта Хуссар Ирыстоны хæххон хъæу челиаттаг лæппу Мæ- хъиты Михал дæр. Каст фæцис педагогон техникум æмæ куыс- та ахуыргæнæгæй райдиан кълæсты. Уыцы-иу рæстæг фæсау* уонмæ ахуыр кодта педагогон институты. Иæ зæрдæйы рухс бæл- лицтæ иууылдæр баст уыдысты скъолаимæ, рæзгæ фæлтæры хъомыладимæ. Хæстон сгуыхдзинæдтæ йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдысты. Гъе, фæлæ йæ бахъуыдис хæсты дæр йæ лæгдзинад равди- сьш. Стæй йæ фыццаг сгуыхтдзинад равдыста бынтон æнæнхъæ- лæджы, хæст дæр нæма райдыдта, афтæмæй. Хабар Львовы ра- уадис, 1940 азы, зымæджы. Взводы иннæ хæстонтимæ салдат Мæхъийы фырт дæр рацыдис горæтгæронмæ, лыжæтыл ахуыр кæнынмæ. Æмæ разынлгис йе ’мбæлттæй æдзæллагдæр. Дæс-ме- тры дæр нæма абырыдаид, афтæ уæлгоммæ йæ цæлхъ фæцыд. Цалынмæ миты бæгъдулæг кодта, уæдмæ иннæ хæстонтæ аив- гъуыдтой. Уæлæмæ куы сыстад, уæд йæ цæстытыл ауад æна- 514
хуыр диссаг: сабыр бон, дымгæйæн йæ кой дæр никуы, афтæ- ’мæй чысыл фалдæр иу къутæр базмæлыд... Мæхъмйы фырт ха- бар æвæстиатæй’ фехъусын кодта командирæн. Раздæр ыл æу- уæндгæ дæр ничи бакодта, худæгæй йыл мардысты, дæки, дам, ахуыргæнæг хоныс, афтæмæй дæм мæнгуырнындзинад ис, зæгъ- гæ. Фаэлæ Михал фидарæй ныллæууыд: — Æз хъæды астæу схъомыл дæн æмæ бæлæсты миниуджы- тæ хорз зонын. Уыцы къудзимæ щыдæр сусæгдзинад ис, нæн йын æнæ фенгæ! Нæ фæрæдыд хохаг къæрцхъус хæстон. Къудзи «разындис мæнг сагъд. Зæххы бын та ссардтой мидбæстон знæгты хæцæч- гæрзты скълад, æрцахстой дзы фондз гадзрахатæйцæуæджы... Михаилæн уый тыххæй æфсæддон хайы командир радта 15 бо- лы отпуск. Уый хæдфæстæ йæ арвыстой Ярославлы æфсæддон училищемæ, æмæ йæ каст куы фæцис, уæд æй, куыд курдиат- джындæр æрыгон комаадиртæй иу, ныууагьтой училищейæн йæхи мидæг, артиллерион взводы командирæй. Æвæдза, диссаджы сатæг æмæ рæсугъд уыдис уыцы сæрды- юн хуыцаубон. Арвы фæтæн риуæй худтис >не ’нусон цырагъда- рæг. Бæлæстæй хъуыстис цъиуты хъæлдзæ1г цъыбар-цъыбур. Училищейы афицертæй алчи дæр барæвдз кодта йæ хæстонты æмæ сæ, музыкæимæ, фæцæй кодтой театрмæ. Æрдæгвæ-ндагмæ дæр нæма ахæццæ сты, афтæ радио фехъусын кодта æбуалгъ хабар: райдыдта хæст!.. Цæй театр æмæ ма цæй цыдæр... Хæс- тон фæдис... Фронтмæ!.. ...Мæскуыйы цæгатфарс, горæт Клины цур райдыдта æрьг гон афицеры хæстои фæндаг æмæ йæ кæрон ахидæн цыфыддæр знаджы маргтауæг лæгæт Берлины. Уыцы даргъ æм,æ гуыр- гъахъ фæндагыл цы бирæ фыдæбæттæ бавзæрста, цы стьгр сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уыдонæн се ’ппæты тыххæй зын ра- дзурæн у. Фæлæ дзы уæддæр цыбырæй зæгъдзыстæм цалдæры тыххæй. ...1941 азы зьгмæг. Мæскуыйы цур райдыдта Сырх Æфсады размæбырст. 184-æм гвардион фистæг дивизийы рæнхъыты уæв- гæйæ, размæ бырста æмæ знагæн бæрзæисæттæн цæфтæ кодта лейтенант Мæхъийы фырты артиллерион взвод дæр. Дивизи карз хæстыты байста горæт Ржевск. Фæсхæст равзæрстой тынг- Дæр фесгуыхæг 84 .хæстоны æмæ сæ музыкæйы цагъдимæ ар- выстой Мæскуымæ. Музыкæимæ æмæ сыл стыр кадимæ сæмбæл- дысты фæстæмæ здæхгæйæ дæр. Семæ уыдис иунæг ;ирон — Мæхъиты Михал. йæ риуæй тæмæнтæ калдта йæ хæстон фыц- цаг хæрзиуæг — «Сырх Стъалыйы» орден. ...1942 аз. Февраль. Смоленскмæ хæстæг тугкалæн хæстытæ. Арв æмæ зæхх æмбу кодтой. Фистæг æфсадæн размæ абырсыны фадат радтыны охыл, махонты артиллери æгъатырæй дæрæн кæ- ны фашистты фидæртты, уыдон артиллери — мах фидæрттæ. 515
Хæст райдыдта боныцъæхтыл, фæлæ фæсæмбисбон 3 сахатмæ дыууæрдыгæй дæр размæ иу къахдзæф никæмæн антыст. Сар- мадзанты богъ-богъ, хæдтæхджыты маторты мæлæтхæссæг уынæр... Топпы гæрæхтæ адæймагмæ хъуысгæ дæр -нал кодтой.. Æппынфæстаг райхъуыстис махонты домбай «Ура!» Полк- гай размæ фенкъуыстысты дивизийы гвардиоптæ. Фæлæ «Ура^>- йы райхъуыстимæ иумæ атарытæ сты хистæр лейтенант Мæ~ хьийы фырты цæстытæ. йæ сæр ын, цыма, исчи æфсæн мæцъи сæй ныкъуппласта, афтæ йæм фæкаст... Стæй ницыуал бамбæрс- та, баст куырисау, зæххыл æрхауд... йæ къухы нал бафтыд уы- цы намысджын размæбырсты кæронмæ фæуын. Сармадзаны нæмыджы схъистæй æртæ уæззау цæфы. Уьг донæй дыууæ хицæп рæтты барæмыгътой сæры стæг æмæ уым «ныууазал» сты... Фараст мæйы, афæдз чысыл хъуаг цыдискарз тох цардæй мæлæты ’хсæн æмæ, æппынфæстаг, цард фæуæлахиз! Æмæ та ногæй — фронт, Белоруссаг фыццæгæм фронт. Рог сармадзанты батарейы командир капитан Мæхъиты Михал ба- хауд, инæлар Мамсыраты Хаджумар штабы хицау кæм уыдис, уыны корпуомæ. Батарей энаджы фидæргты ахъаззаг дæрæн ныккодта Днеп- ры иу былæй иннæмæ, йæ арæхстдзинæдтæм ын сæрмагонд æр-( гом аздæхта командæкæнынад, Уый фæстæ, хæрзчысыл зиæнти- мæ, йæ къухты бафтыдис фаллаг фарсмæ бахизын. Цæсты- фæныкъуылдмæ йæ сармадзаиты равæрдта аууон бынæтты æмæ та йæ мæлæтхæссæг æхстæй фæндаг гæрдын райдыдта нæ раз- мæбырсæг фистæг æфсадæн. Дæсгай хæстонтæ æмæ афицертæн лæвæрд æрцыдис хицауадон хæрзиуджытæ, уыдонимæ — бата- рейы командирæн дæр. ...Хъызт зымæго^н бон. Уазал къæс-къæс кæны. Бугы дон йæ дыууæ фарсæй абузгæ бацыд æмæ бæзджын их сæвæрдта. Астæ- уæй ма дзы æнæмбæрзтæй баззадис 6—7 метры фæтæнæн уадз^ дзаг, æмæ доны фæздæг уырдыгæй цæуы. Знаджы æфсæдтæ, сæ- хицæн стыр зиæнттæ æрхæсгæйæ, цуркау, ныссагъдысты полчы астæу æ>мæ дзы фæхицæн кодтой æртæ батарейы, уыдонимæ — Мæхъийы фырты батарей дæр. Фæотъылдым — дон, разæй — немыц. Фистæг æфсад !нæ уыд æмæ æрмæст сармадзантимæ зна- джы цæг куыд атыдтаиккой... Тынг тæссаг уавæр. Дыууæ барæй — бар: кæлæ уадар, кæнæ дæхи цардæгасæй ихджыи доны баныгæн... — Капитан Мæхъийы фырт! Æртæ батарейæ« дæр рæстæг- мæ командæкæнын хæ^с кæнын дæуæл. Бафæраз 2—3 сахаты, уæдмæ дæм нæ сæйраг тыхтæ зындзысты, — рацийæ бардзырд радта полчы командир булкъон Смирнов. Фæлæ сæйраг тыхтæ нæ фæзындысты. Амæттагмæ æнхгьæл- ’мæ кæсгæйæ, сæ размæ æгæр хъæддыхæй æрлæууыдысты н^мьг- 516
цæпæ. Уацары æрхъула æнтомæй-æнгомдæр кодта. Бирæ хъуы- ды кæнынæн рæстæг юал уыдис. - Æмаз Михал æрхъуыды кодта диссаджы фæнд. Уый знаджы сæйраг æрбабырсæнты сæвæрдта пулеметæхсджыты, • иннæ чæстонты бафтыдта цъыхыры цæгъдыныл. Цъыхыры .калдтой долмæ æмæ-иу уайтагъддæр асалдис. Афтæмæй доны сæрты цы- быр рæстæгмæ сырæзт, немыцæн <сæ фæсонæрхæджы дæр чи чæ уыд, ахæм хид. Куы ’рталынг, уæд ма бæргæ æрбабырстон, фæлх дзы никæйуал æрбаййæфтой. Нал æрбаййæфтой хидæн йдахи дæр — нæхионтæ йæ фæстæмæ фехæлдтой, фæстаг хæсто- чы оиг иннæ фарсмæ куы аирвæзтысты, уæд. Иннæ хæстон хиндзинад — Неманырахиз былгæрон. Дойы сæрты батарей бахызт æхсæвыгон, салертæ йыл знаджы сусæ- гæй цы хид ацарæзтой, ууылты. Фæлæ сапертæ сармадзантæ равæрынæн хорз бынат нæ равзæрстой — æгæр ныллæг æмæ цъьгмара раз’ынд. Хæстонтæй иу, командирæй бар нæ ракургæ- йæ, иудзæвгар иуварс ауадис æмæ ссыгъта тамако. Вемыцæг- тæ уый ауыдтой, цы!.. Выккалдтой сармадзантæй. Махонтæн æхсыны бар нæ уыд. Вæмгуытæ иуцалдæр метры фалдæр хæлын куы байдыдтой, уæд Мæхъийы фырт бардзырд радта хицæнтæй, сармадзаны нæмгуытæ раздæр кæм хæлдысты, уырдæм баирвæ- зын. Æмæ .кæнгæ дæр афтæ бакодтой. Знаг æхста æмæ æхста, бахардз кодта сæдæгай еæмгуытæ æмæ дзæгъæлы фесты. Хæрз- чысыл хъыгдард баййæфта æрмæстдæр махонты иу сармадзан, æндæр дзы уды зиан не ’рцыд. Одеры цур иу æхсæв батареймæ сусæгæй ныббырста немы- цæгты къорд. Æнæнхъæлæджы бацайдагъ хъæбысæй-хъæбысмæ хæст. Мæхъийы фырт йæхæдæг уыцы «фембæлды» немыцæгтыл «равдæлон кодта» дыууæ дамбацайы. Фашисттæ лидзæг фесты. Райсомы батарейы хæстонтæ немьщæгтæй 32 марды ссардтой, сæхицæй та иуцалдæр фесты æрмæст рог цæфтæ. ...Æмæ, æппынфæстат, комкоммæ Берлин æхсыныл номдзыд артиллерион хæст. Фыдызнаджы фæстаг ахстоп дæрæн кодтой гвардийы майор Мæхъиты Михалы батарейы сармадзантæ дæр. Фæцис историйы тæккæ щыфыддæр хæст. Советон хæстоь- тæ уæлахизæй здæхтысты сæ хæдзæрттæм. йæ райгуырæн Иры- стонмæ æрыздæхтис Михал дæр. Хохаг æвзыгъд лæппуйы риуæп тæмæнтæ калдтой йæ хæстон сгуыхтдзинæдты æвдисæндартæ — Александр Невскийы орден, «Фыдыбæстæйы хæсты» фывдаг «мæ дыккаг къæпхæнты ордентæ, «Сырх Стъалыйы» æртæ орде- <ш, æхсæз майданы, уыдонæй дыууæ — «Хæстон сгуыхтдзинæд- ты тыххæй». 517
Пухаты Илья ÆВИДИГÆ НЫФС йæ фыдæлты фарн, цæсты гагуыйау, чи хъахъхъæны, рыг абадын ыл чн нæ уадзы, уыцы ирон бæгъатырты нымæцмæ ха- уы Медойты Семены фырт Петр дæр. Нæ разы сты Медойы фырты цард æмæ хæстон аросайдты- ты тыххæй .биографион æрмæджытæ. 1903 аз. Уæд райгуырдис Медойты Петр. йæ фыд Семен Ар- жеваны фырт уыдис мæгуыр зæхкусæг. Аст сывæллоны хица- уæп царды уавæртæ къуындæг уыдысты уæды заманы. Уымæ гæсгæ-иу Аржеваны арæх бахъуыдис Райгуырæн бæстæйæ дард- мæ куыстагур, йæ бинотæн къæбæры фаг мызд фæрæз кæныч- мæ ацæуын. йæ фыды хъысхмæтæй æнæхай иæ баззад Петр йæхæдæгдæр. Чысыл лæппу ма уыд, афтæ æххуырсты лæвæрд æрцыдис помещик Палавандишвилимæ. Æниу цæй хæрд æмæ цæй цыдæр! Йæ дзыхмæ маамæлайы къæбæр, йæ цæсгмæ — æхсидав! Аф- тæмæй та йæ фыдæбоны «уаргъ» йæ уæхскæй никуы хаудта. . Фæстæдæр цыдæр иæ амондæн Принеуы хъæуы баконд æр: цыди скъола æмæ йæ йæ ныййарджытæ радтой уырдæм. Фæца- хуыр дзы кодта 1918 азы юнг. Æвзонг, зæрдæргъæвд лæшпумæ бирæ бæллицта» уыдис, бирæ сагъæстæ нывæзта, фæлæ æлдар- дзинады заман йæ базыртæ айтындзын æмæ йæ бæллицтыбæр- зæндмæ стæхыны уавæртæ кæм арæзта мæгуыр лæшгуйæн. Фиг лæ уæдда^р тырныдта цыдæр æвæджиаг рухсмæ. Уыцы рухсы гьштæ та ферттывтой Уæрæсейы ’рдыгæй — Ленины хурæмсæр зæрдæйæ... Революци!.. Уый райхъал кодта нæ хæххон адæмы дæр, бацамыдта сын сæрибардзинадмæ абырсæн фæндæгта’... 518
Ирыстоны цытæ цыдис, уыдон уыдта æмæ сæ нæ зæрдæмæ аста Петр дæр. Бамбæрста, адæмы сæрагшонд тох кашынкад ,мæ намысы хъуыддаг кæй у, уый. Æ»мæ кæд нырма уыцы кары се уыдис, уæддæр йæхи баввахс кодта револющшы хæлæрт- æм... 1919 азæй 1920 азмæ уыдис Х>ссар Ирыстоны партизанти- ,а>, партизанты командир уыдпс Хаситы Мидта. Уыдоп æгъа- ыр тох кодтой Хуссар Ирмæ æрбалæбурæг меньшевпктимæ. Уыцы заманы Медойы фырт æнæнхъæлæджы бахаудис мень- аевикон урсгвардионты къухтæм. Лæплуйы тынг бафхæрдтой ,*мæ пæ ахæстоны ньшпæрстой. Гъе, фæлæ цæхæрцæст нроп тæппу уыйбæрц бакодта, æмæ йын бантыстис ахæстонæй али- дзын... 1921 азы /бацыдис ленинон фæскомцæдисы рæнхъытæм, цы- )ан уый иста активон хайад 1925 азмæ. 1924 азæй фæстæмæ та Комму’нистон партийы уæнг. Советон хицауад йæ фæндæгтæ ауæрæх кодта Медойы фыр- тæн дæр æмæ 1925 азы бархнйæ бацыдис Тбилисы Æфсæддон- Политикон скъоламæ. Цьшиар азы фæстæ йæ каст фшцис, рай- сга æфсæддон ахуырад æмæ æрвыст æрцыдис Орджоникидзейы -орæтмæ 84 æхсæг полчы взводы командирæй. 1930 азы та ацы- дис ахуыр кæнынмæ Оренбурджы авиадион скъоламæ, кæцыйы каст фæцис æнтысгæйæ æмæ дарддæр кодта йе службæ æфсæд- тон-уæлдæфон тыхты хæйтты звенойы штурманæй суанг авиадивизийы разведкæйы на<чальни:кы уо>нг. Фæстæдæр та ахуыр кодта Жуковскийы яомыл Æфсæддон^Уæлдæфон тыхты Лкадемийы разведчккты курсыты. Стыр Фыдыбæстæйон хæст Медойы фырты æрæййæф- та Гомелы горæты, цыран уый уыдис курсыты. Хæсты пайдианы фæстæмæ æрыздæхт иæхи æфсæддон хаймæ, кæцы "эвакуацигонд æрцыдис фæочъылдым Саратовы бын Новоузеп- скы гарæты. Уым Медойы фырт цæттæ кодта фронтæн кадртæ. Фæстæдæр æй -ракодтой Петровскы горæтмæ, фæсауæрц полк- мæ. Уым дæр та цæттæ кодта хæстонтæ фронтæн. Раст уыцы рæстæджы, 1943 азы, агсрелы мæйы, Мæскуыйы цæттæ- ^ындæуыд 312 рогбомбæзгъалæг авиадивизи, цыран Медоиы фырт нысан æрцыд оперразведхайы хистæры æххуысгæнæгæй æмæ æрвыст æрцыд архайæг æфсадмæ, хайад иста Украимæйы ссæрибар кæныныл тохты. Курск-Орелы операцийы фæстæ, Х-арьковæй райдайгæйæ, суанг Молдавимæ. Петр хайад иста Корсун-Шевченкойы горæт ссæрибар кааныныл тохты, цыран немыцы æфсад бахаудтой æрхъулайы æмæ æрцыдысты куынæггонд. Ахадгæ æ»нтыстытæ йæ къухты оафтыд не ’мзæххонæн Знаменкæйы горæт фашисттæй байсыны хъуыддаджы дæр. Нæ сурзæххон æфсæддон хæйттæ сæхи цæттæ кодтой Днеп- 519
ры (дæугæданыл ахизынмæ. Ацы районы уæвæ<г авиадивизи йæ» разы æвæрдта сæрмагонд хæстæ. Æхсæвыгон бомбæзгъалдæц немыцы хъахъхъæдад скуынæг кæнын, кæцы уыдис Днепрæн рахиз фарсы ’рдыгæй. Уый вазыгджын æмæ зын хæс уыдис. Фæлæ сын ’бантыст уæддæр. Æрвылæхсæв-иу райсомы бондзир- дзуртæм ныхмæлæууæджы позицитыл æркалдтой дæсгай тон- нæтæ авиабомбæтæ. Тæхæг-техникон сконды куыста егъау энтузиазмæй, афта\ æмæ-иу хицæн экипажтæ иу æхсæвы дæргъы арæзтой дæсгай — дыууадæсгай хæстон атахтытæ, цæй фæстиуæгæн-иу ныхмæлæу- уæг фесæфта дæсгай танктæ, æнда&р хæстон техникæ æмæ удæ- гас тых. Афтæмæй не ’фсадæн бантыстис Днепрæн рахиз фарсы ’рдæм ахизын, плацдарм æрцахсын æмæ знагæн сæрсæттæн цæф фæкæнын. Немыцаг хъахъхъæдад донæн уыцыфарс куынæггонд æр: цыд æмæ фæстæмæ алæууыд ныгуылæны ’рдæм. Уыцы операци сифтонг кæныныл æмæ дзы хъæппæрисдзи- над равдисыныл æнувыдæй бацархайдта авиадивизийы развед- кæйон хайы пачальникы æххуысгæпæг майор Медойты Петр Семены фырт. . Хæст цырынæй-цырындæр кодта. Немыцаг тыхæйисджыгы сæ фын сайын байдыдта... Не ’фсад хъомысджынæй бырста размæ, ныгуылæны ’рдæм. Медойы фырты цырыхъхъыты фæд дæр ахызтис .нæ Райгуырæн бæстæйы арæнтæй. Авиади.визи- йы сконды уæвгæйæ, активон хайад райста румынаг горæттæ Яссы, Плоешти ,Бухарест, Брашов, Клуж, Сибиу æмæ венгрюаг лорæттæ Сольнаг, Дебрецен æмæ Будапешт ссæрибар кæныны ахъаззаг тохты. Бирæ æмæ дардыл сты, Медойы фырт цы хæстон эпизодты фæци æмæ федта, уыдон. А»мæй-ай .карздæртæ, амæй-ай тугуарæндæр бонтæ... Зæрдæ сæ ризы, кæрзы... Цæстытæн зьы у уыдон уынын... Хъустæ æгæрдæр бафæлладысты сармадзамты богъ-богъ, хæдтæхджыты гуыр-гуыр, бомбæты нæрын, удисæг салдæтты хъæрзынмæ хъусынæй... Фæлæ,иугæр хæстон лæджы архайд у нæ сæйраг койаг, уæд æнæ ’вдисгæ нæй сæ иуæй- иутæн. . Венгрийы зæхх. Карлаты хæхты районы æфсæддон хæйтгæ фæиппæрд сты 5-æм уæлдæфон Армийьт штабы къухдариуæ- гадæй. Æппæт нымæцы радиобастдзинад дæр -г- радиоулæнтæ хæхты сæрты <нæ хæццæ кодтой æмбæлон ранмæ. Æфсæддон бардзырд райсын æмæ разведкæйы зонæнтæ адæттыны амал нал уыдис. Уыцы тыхст уавæры дивизийы командир бардзырд радта æмбал Медойты Петрæн, цæмæй ’ атахтаид æм«æ 5-æм уæлдæфон Армийы штабмæ ’ныххастаид развед-зонæнтæ. Æмæ фæстæмæ та — æфсæддон бардзырд æхсæвыгæттьГтæхыны сæ- раппонд. ’ : ’ 520
Атахт æххæст цыдис тынг æвзæр метеорологон уавæрты. Иу- ;хн хæхтæ бæрзонд уыдысты æмæ хæдтæхæг ПО-2-йæн йæ бон нæ уыдис уыдон сæрты атæхын, аннæмæй та бæзджын мигъ иыббадтис, цæст дардмæ нал уыдта. Атæхыны сæр бахъуыдис арф кæмтты.:. Бирæ шыхдуртæ аиуварс кодта Медойы фырт æмæ бынатмæ фæхæццæ. Армийы штабмæ ныттæхлæйæ, Медо- йы фыртыл аэродромы фембæлдис Армийы оперативон хайы начальник булкъон Гречко. Уый йын бардзырд радта, цæмæй развед-зонæнтæ радтаид штабы опердежурнемæ æмæ фæстæмæ æвæстиатæй атахтаид йе ’фсæддон хаймæ, æхсæвыгон атахты- тæн бардзырд яхæспæйæ. Уыцы хæслæвафд цыбыр æмгъуыдмæ æххæст æрцыд. Уый хæдфæстæ дивизийы комавдир бардзырд радта атах- тытæм æрцæттæ кæньшы тыххæй. Разведкæгæнджытæ хъуамæ сбæрæг кодтаиккой ;ныхмæлæууæджы поз1ици, сæ уавæр, иннæтæ та хъуамæ бомбæтæ æркалдта’игккой знагыл Клужы горæты райоиы, йæ кæрæтты. Хæслæвæрд æхх»æст цыдис æнæхъæн æх- сæвы дæргъы. Ноджы вазыгджындæр æмæ ахсджиагдæр уыдис мæнæ ацы даизод: 5-æм уæлдæфон Æфсады штабæй райстæуыд радиограммæ: «Иу æхсæвы дæргъы сифтонг кæнут бастдзинад Плиты Иссæйы мотомехкорпусимæ». Ацы корпус архайдта зиаджы фæсчъыл- Дебрецены горæты районы. Корпусмæ æхсæвыгон бакалын хъуыд х»æцæнгæрзтæ æмæ æртаг-смазкæнæн æрмæджытæ авио- дивизийы хæдтæхджытæ «ПО-2»-тыл. Уымæй дæр фронты хах- хы сæрты! ’ Медойты Петрæн, куыд разведкæйы начальник, афтæ хæс- гонд æрцыд майор Дагзмаровимæ атæхын, корпус цы ран <ар-; хайдта, уырдæм. Хъуамæ дырысæй сбæрæг кодтаиккой корпу- сы уæвæн бынат æмæ уавæр, цæмæй йæ авиаполк сифтонг код- таид æппæт æнæмæнгхъæуæг æрмæпæй. Плийы фырты корпус кæм архайдта, уырдæм фæцæйхæццæкæнгæйæ, ныхмæлæууæг уыдон фæфиппайдта æмæ сыл нызгъæлста пулеметтæ æмæ сармадзантæй. Хæдтæхæг бахауд цæхæр нæмгуыты æрхъулайы. Фæлæ зын сах-атты Медойы фырт никуы фæтыхстис. Алыгъуызон маневрæтæ аразгæйæ, хæдтæхæг раирвæзтис цæхæры зонæйæ... Бабæрæг кодтой корпусы архайæн бынат... Хъæбатыр тæхджытæ, сæ сæргъы Медойы фырт, афтæмæй æнтысгæйæ сæххæст кодтой сæ хæ€ — ахастой Плийы фьтрты корпусæн æнæмæнгхъæуæг хæстон фæлындзынад. Ахæм æвæджиаг æххуыстæ иу æмæ дыууæ хатты мыййаг нæ бакодта Медойы фырт йе ’мирон хæстон бæгъатыр Плиты Ис- сæйы бæхджын механизацигонд корпусæн. 312->æм Æхсæвон рогбомбæзгъал авиадивизи бирæ сгуыхт- дзинæдтæ равдыста хæстæн йæ райдианæй йæ фæудмæ. Æртæ авиаполчы 90 хæдтæхæджимæ æгъатырæй дæрæн кодта ных~ 521
мæлæуджыты æхсæвыгæтты æмæ-иу арæх ле ’фсадæн сифтонг кодта размæ абырсæн уавæртæ. Æмæ уыцы операцийы та ком- коммæ хайад иста Петр, разамынд сын лæвæрдта эффективон æгъдауæй. Уымæй дарддæр ма авиадивизийы разведчиктæ æхсæвы уа- вæртæ иудадзыг бæрæг кодтой ныхмæлæууæджы змæлд, æф- сæ’н æмæ сосæ фæндæгтыл, аэродромты уæвæн бынат æмæ сæ- иу стæй æнæнхъæлæджы ныццавтой махуæттæ. Æхсæвыгон разведкæ кæньины тыххæй-иу дивизийы рага-„ цау рахицæпчындæуыд сæрмагонд разведчиктæ, кæцытæ-иу цæттæгонд цыдьтсты æппæт æгъдауæй дæр. Уыцы разведчик- тæй иуæй-иутæ систы Советон Цæдисы Хъайтартæ. Дивизийы оперразведкæйы хайы штабы начальникы хæ* дивæг уæвгæйæ, Медойы фырт йæхи равдыста иттæг æвзыгъд æмæ Райгуырæн бæстыл æнувыдæй, принципиалон æмæ æхоар- джынæй. Уый фæстиуæпæн хорзæхджьин æрцыдис «Сырх Стъа- лыйы» дыууæ ордены, «Сырх Тырысайы» орден æмаэ цалдæр майданæй. Æртын æртæ азы баслужбæ кодта майор Медойты Петр Советон Æфсады рæнхъытът. Ныртæккæ ис отставкæйы, цæры Хашурьт горæты.
Лазарты Хасаи НÆХИ ДАДО Кæд æмæ кæд банцад Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ ;нæры~ нæй. Уæддæр ма адæймаджы цæстытыл ауайьгнц зонгæ адæм- ты 'Сурæттæ. Уыдоиимæ æнæ æрæмысгæ нæ вæййы карз хæстьь тæи, хъæбатыр сгуыхтдзинæдтæн, хæстон æмбæлттæн дæр. Гъе, мæнæн дæр афтæ мæ зæрдыл æрлæууыд 1943 азы ав- густ. Уæдæй абонмæ æртæ ’мæ ссæдз азы бæрц рацыд, фæлæ мæм фронтæй цы фыстытæ баззад, уыдон кæсгæйæ æрæмысыд- тæн Муриты Залуны фырт Дадойы. Цæгат Данецы былгæрои Дадоим^æ куы фембæлдыстæм, уæд æз уым уыдтæн даны бахизæны къамисар. Мæ иубæсто- нимæ кæд уым,æй размæ хæстæг зонгæ «нæ уыдыстæм, уæддæр, æфсымæртау, кæрæдзиуыл ныццин кодтам.Уыцы бонæй фæс- тæмæ мæ зæрдыл бадардтон ныфсджын, тыхджын, вындзинæд- тазн быхсаг политикон кусæг æмæ комавдир Дадойы. Нæ фем- бæлды фæстæ ныффыстон писмо нæ райгуырæн бæстæмæ Мури- йы фырты хæстон -сгуыхтдзинæдты тыххæй. Мæ цыбыр гаисмо- йы иу ран афтæ фыстон: «Цæгат Доиецæн йæ рахиз фарс Му- рийы фырты полкы’л фашисттæ куы æрхъула кодтой æмæ сæ автоматты къæр-къæр куынæ уал æнцад, уæд, цыма, акъоопы- ты ныххизынæй дарддæр гæнæн мицыуал уыдис. Фæлæ полчы командир æмæ паршон бюройы бæрион секретарь Дадо загъ- той: «Рабырсдзыстæм, рарæдувдзыстæм æрхъулайы цæт! Кæй 523
бон хъуамæ суа советон æфсæддонты бауромын? — Æмæ, æцæ- гæй дæр, полчы бон баци уырдыгæй рабырсын». Гъемæ та мæнæ Муриты Дадо йæ ирон, уырыссаг, украинаг, казахаг, гуырдзиаг æмбæлтты æхсæн... Дадо бирæ цæуылдæрты сахуыр хæсты фыццаг аз. Базыд- та »нæ хæстонты дюосаджы хъæбатырдзинад æмæ Сырх Æфса- ды æнæбасæтгæ тых. Уырныдта йæ, кæй æрцæудзæн уæлахизы бон. Уыцы уырнындзинад йæ зæрдæйы даргæйæ, Дадо афæдзьг фæстæ тох кодта, горæттæ Ржев æмæ Гжатск,ы цур цы хæс- тытæ уыд, уым. Йæхи та равдыста канд зæрдæргъæвд къамиса- рæй нæ, фæлæ ма хæстон арты æхсыст æмæдæсны командирæй. Йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йын лæвæрд æрцыд майдаи «Хъæ- батырдзинады тыххæй». Хæрзиуæджы фæстæ ноджы фезнæт- дæр знаджы ныхмæ. 1943 аз, сæрд. Цæгат Донецæн йæ хурныгуылæн фарс зæх- хы арф нынныгъуылдысты знаджы æфсæдтæ. Сæ фидæрттæн басæттын æмæ райсын æнхъæл нæ уыдысты. Уалынмæ сове- тон æфсæдтæ сарæзтой тыхджын ныббырст. Бацайдагъ карз тох. Сармадза’нты нæмгуытæ, минæтæ æмæ бомбæты рæмыгъ- тытæй фыцæгау кодта Донец. Полчы командир фæцæф æмæ йæ хæдивæг Мурийы фырт йæхимæ райста командæкæньшад. Райдыдта ныббырст. йæхиуыл ницы уыйас бæллæхтæ æрцыд, афтæмæй полк мыцъцъйст кодта фашистты. Ам дæр та Дадо йæхи равдыста æмбарпæ, хъæддых æмæ уæндон гуырдæй æмæ иын лæвæрд æрцыд «Сырх Стъалыйы» орден. Мурийы фырт Дадо æрвыл бон салдæтты ахуыр кæны хæс- тон дæсныйадыл, дзуры ськн йæхи фæлтæрддзинады тыххæй дæр. Иттæг хорз æмбары, знагыл кæронмæ фæуæлахизы тых- хæй ма дзæвгар хъарутæ, бирæ зонындзинад æмæ хъæДдых- дзинад кæй бахъæудзæн, уый... Ралæууыд 1943 аз. Хæст фæуæз кодта .немыцы ’рдæм. Фыц- цаг хатт Советон Æфсады къухы бафтыд сæрдытон егъау бырс- тытæсаразын. Уыцы бырстыты дæрæнгонд æрцыдысты фашист- ты фæлтæрдджын æфсæдгæ, афæдзы дæргъы сырæзтысты нæ- хи æфсæддон ног кадртæ дæр. Фæсыкк вемыцаг командæкавны- нады ныхас, Советон Æфсадæн сæрдыгон уавæрты йæ бон хæ- цьгннæу, зæгъгæ. 1943 азы цы ныббырстытæ .арæзт æрцыд, уы- доны фæрцы советон зæххæй ссæрибар иу милуан квадратон километры бæрц. Знаг æппæрст æрцыд Владикавказæй Херсо- ны онг, Элистайæ Кривой-Рогмæ, Сталинградæй Киевмæ, Воро- пежæй Гомелмæ, Вязмæйæ Ржевмæ, Советон æфсæдты бырсг бауромын нал уыд нæдæр цæугæдæтты, нæдæр немыцы стыз фидæртты’ бон. Уыцы аз æртæ мæймæ Сырх Æфсад ахызт Ца- гат Донешы, Деснайы, Сожы æмæ Днепры доны сæрты. ’ Сæйрйг командæгæнæг й# бардзырды фыста: «Нырыккои 524
^фоæдтæй Советон Æфсад у тæккæ домбайдæр æмæ фæлтæрд- лжындæр». Уыцы æфсады рæнхъыты уыд Муриты Додо дæр. Цæгат Данецы былтыл хæцгæйæ, Мурийы фырт уæззау цæф фæци <æмæ 1943 азы 16 автусты æрвыст æрцыд горæт Ки- шиневмæ, госпиталмæ. 1944 азы январы Муриты Дадо фæстинонæй азд<æхт йæхи хæстол хаймæ фистæгæфсæДдон полчы командирæн хæдивæ- лрй. Ньтр дæр та политикон куыстгæнæгæн. Уыцы полчы рæнхъыты Мурийы фырг тох кодта. Корсунь- Шевченковскимæ æввахс цы хæстытæ уыд, уым. Ахæцдæ Яс- сæйы онг, фæлæ та ногæй уæззау фæцæф æмæ йæ аластой Но- во-Украинкæйы госгпиталмæ. Куы фæдзæбæх, уæд та æрвыст æрцыд полчьт командирæн хæдивæгæй, уыцы полчимæ ахызт Днепр æмæ Дунайы сæрты, бабырстой Болгарийы паддзахадоп арæнтæм, стæй 1944 азы сентябры уыдис горæт Оофьяйы уæгъд- гæнджыты рæнхъыты. Хæсты фæстæ Мурины фырт дарддæр кодта йе службæ Одессæйы æфсæддон зылды. Фæлæ ахæм дæсны æмæ арæхст- джын æфсæддон адæймаг уæлдæр ахуырдзинад куынæ райса, уæд æвгъау у. Æмæ йæ йæ зонындзшнæдтæ, пæ хæстон æ.нтыстдзи.нæдтæм гæсгæ 1947 азы зылдæй рарвыстой Мæскуы- йы Фрунзейы номыл Академимæ ахуырмæ, Командæкæнынад зыдта, Мурийы фырт йæ цлрд æфсадæн кæй снывонд кодта, уый. Æмæ нæ фæрæдыдысты: Дадо иттæг хорз бæрæггæнæн- тимæ каст фæци æмæ йæ баурæдтой Академийы адъюнктурæ- йы. Ам дæр та равдыста диссаджы курдиат æмæ фидар зонын- дзинæдтæ æмæ райста хæстон историйы кандидаты пом. 1958 азы 8-æм декабры Фрунзейы номыл Академи- мыд '40 азы сæххæсты бон М. Брангин газеты фыста: «М\- рийы фырт хæотæн йæ райдианæй йæ кæронмæ ацыд æрыгон политикон куоæгæй, батальонæн райдайгæйæ. Хæсты фæста» Фрунзейы номыл Академи, бæлвырд сгуыхтæй æмæ сыгъзæрин майдан райсгæйæ, каст куы фæци, уæд бацыд адъюнктурæмæ æмæ иттæг хорз ахуыры фæстæ ныффыста кандидатон диссер- таци. Уый фæстæ Академийæн йæш мидæг ахуыргæнæг куы сси, уæд дæр та æгъгъæд иæ загъта, фæлæ архайдта йæ дард- дæры рæзтыл. Арæх æй феньш хъахъхъæнынады Министрады архивæн йæ чнныгкæсæн залы. Æрыгон булкъон мингай доку- ментты агуры, йæ ахадындзинад тæккæ зынаргъдæр кæмæн у, ахæм хæстон фæлтæрддзинад. Арæх ын йæ *ном бакæсæн ис мы- хуыры». Муриты Дадо кæмфæнды куы куса, уæддæр дзы партион хæс никуы рох кæны—иымайы йæ æппæты сæйрагдæрыл. Пар- тион куыстмæ æнувыд цæст кæй дары, гъе, уымæн æвзæрст æр- цæуы Академийы лартбюройы уæигæй. Бирæ хæттыты парт- организацийæн уыдис секретарæй. Дадо уæндонæй канд 525
критикæ 'Нæ кæны йе ’мбæлтты, фæлæ сьш феххуыс вæййы, ба- цамоны сьш раст фæндаг. Бирæ ахуыргæндтæ сæ хъузджы бамбæхсынц æмæ сæхи сæрмагонд куыстæй дарддæр ницы фæархайынц. Дадо уыдо- нæй ;нæу. Уый активонæй архайы æхсæнад «Зонынады». Арæх æй фенæн ис Мæскуыйы куыстуæтты, лекцитæ кæсгæйæ. Йæ райгуырæн горæт Дигорамæ ссæугæйæ дæр горæты фæллойгæн- джытæн бакæсы лекцитæ, скæны докладтæ. «Уæндон фæлтæр» кæй хонынц, уыдонæй æнæмæнг иу у Муриты Дадо. Уымæн цардмæ фæндаг фæкъæртт кодта Стыр Октябры социалистон революци æмæ йыл раздæры хъомгæс намысджынæй ацыд зонадон кусæг, хæстон историчы онг.
Хъороты Сослан МÆ ФЫДЫ ÆРДХОРД 1. ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ФЕМБÆЛД Нарæг къахвæндагыл фæуырдыг кодтон дæлæмæ, коммæ. Нырма нæртон хур æнусон цъититы сагъæстыл нæ бафтыдта æмæ Джоджора знæт, тæссаг нæу. Æрбахæццæ дæн хидмæ. Хъуамæ дыууæ ставд фæрв бæла- сæй конд хидыл ахизон, фæлæ уыцыфарс, хиды тæккæ былыл, разынд м.æ хуызæн «зивæггæнат» — æввахс фæндагагурæг. «Цæй, фæндаг ын радтон», — загътон мæхадæн. Уымæн æмæ уый мæнæй уыд хистæр, стæй «æртæкъахон». Бæлццон мæм цалдæр касты фæкодта. Бамбæрста мæ æмæ хъавгæ-хъав- гæ, арæхстгай рахызт хидыл. Мæ тæккæ комкоммæ куы ’рба- хæццæ, уæд æрлæууыд æмæ мæм æдзынæг ныккаст. йæ æрв- гъуыз- цъæх цæстытæ мæ ябарстой сæрæй къæхты бынмæ цал- дæр хатты. йæ дæргъæлвæст цæсгомыл фæзындысты фарст æмæ æнæууæнчы æууæлтæ. Йæ лæдзæг йæ дæрдджын бур пал- тойы æддаг дзыппы ацауындзæгау кодта: йе тарæй ихсыд тет- рад æмæ ставд сау къуымых къарандас фелвæста, рафæлдæхта дзыцалдæр фыст сыфы, й-æ уæрагыл æй авæрдта æмæ йыл афыста: «Дæ фыды ном цы хуыйны?» — æмæ мæм йæ фыссæн- тæ æрбадаргъ кодта. Исдуг куыддæр фæдæн. Стæй райстон фыссæнтæ æмæ мæ фыды ном ныффыстон. Уый мæм нал фæкаст, фыссæнтæ аскъæфта æмæ мьш мæ мыг- гагафыста, иу дард мæм æй æрбакодта, стæй тетрадæд къаран- дас йе тары фæцавта æмæ мыл ныттыхст. Мæ къухыл ахæцыд æмæ хидыл мæ разæй араст. Джоджорайы галиу фарс, хъугомы, Дыргъы къохы цы иу- 527
нæг хæдзар аныгьуылд, ме ’нæзоюгæ мæ уырдæм хоны, мæк, дам, у. Къухæй мын амоны, дæ фыды къам, дам, дын равди- сон... 2. ЗЫН ЦАРД МЫСЫН — ХЪÆДГОМ ЛГАЙÆГЛУ Зæронд ирон хæдзар фæцудыдта хурныгуылæны ’рдæм. Хæдзары алфæмбылай бынæттон сырх туфы рæдзæгъдтæ, хъæ- дæрмæг, дæлбазыр — дунейы фæйнæджытæ кæрæдзийыл бæс- тон амад, толæй æмбæрзт. Кæрты æ-ртæ хъуджы, урс-урсид бæх, родтæ, дунейы мæргътæ... Нæ размæ рауадысты дыууæ чызджы скъолайы формæйы. Мах куы ауыдтой, уæд фæстæмæ хæдзары фæмидæг сты... Стъолы фарсмæ æрбадтæн. Хæдзар — сыгъдæг, хæрзæф- снайд. Уæдмæ мыи мæ фысым мæ разы авæрдта, фыццаг хатт кæй федтон, иу æртьга адæймаджы кæм ис, фæздæг æмæ ала- йы чи ссæггъуыз, ахæм егъау цыппæрдигъон ныв. Уæлейæ кæ’- сын: «Сталиниры Совпартскъолайы 1934—35 азты рауагъд». Аць* фысты хæдбын цалдæр афтид бынаты — чидæр сæ кар- дæй слыг кодта, æмæ къахт цæстытау зынынц. Тагъд-тагъд кæ- сын æнæзонгæ адæмы цæсгæмттæм, сæ мыггæгтæм... Стæй иу ранмæ ныджджихау дæн. Мæ фысым мæм аивæй кæсы, йæ мид- былты æвæндонæй худы. Æз ын йæ цæсгом æмæ йæ цæс- тытæм фæкомкоммæ дæн, стæй та нывы, мæ’фыды фарсмæ чи бадтис, уымæ. Кæддæры рæсугъд цæсгомæй ницыуал ис, цыма арты басыгъд, уыйау сауæн, дзыхъхъытæ-къуыппытæй баззад, фæлæ æрттиваг цъæх цæстытæ уыйас нæ раивтой. — Уæдæ ды Наниты Владимир дæ? — О, — йæ сæр разыйы тылд бакодта. — Адон чи уыдысты, цæмæн сæ слыг кодтай? Мæ фарст куы бакаст, уæд ногæй сагъæсты аныгъуылд. Но- гæй æдзæмгаст -кæны (нывмæ, цыма йæ, мæнау, фыццаг хатт федта, йæ цæстæнгас дзы нал хицæн кæны. Фыссæнтæ айста йæхимæ. Тынг фæдисы дæн: ^ныртæккæ дæр ма æнцад-æнцой уыд Владимир. Ныр цыдæр сызнæт, йæ къухтæ зыр-зыр кæ- нынц, йе ’нæдаст рустыл фæзынд дыууæ иæссыджы. Ма>хи фæс- монæй хæрын, цæмæн æм радтон ахæм фарст. Уæдмæ уый фыс- сын райдыдта: «...Хъуылаты Сикъо — Наркомпрос —- фыссæг, Дзидздзой- ты Ваня - ЦИК... ...Зоныс, цы лæгтæ уыдысты?» — ма ныффыста, стæй къаран- цас æрæвæрдта, йæ дæрзæг, куыстдзагъд армытъæпæнæй йæ цæссыгтæ асæрфта, арф ныуулæфыд æмæ та иогæй фыссы. ...«Ды цæмæй зоныс, дæ фыдимæ куыд цардыстæм, уый. Иумæ, иууылдæр ,иу уыд нæ хъуыддаг. Ахуыры фæстæ дæр арæх æмбæлдыстæм. Сæрдарæй куыста, ды йæ кæм хъуыды 528
з^æндзынæ. 1941 азы нæ фæстаг фембæлд уыд Авчъалайы. Уый бæхджын æфсадмæ бахауд, æз — фистæг...» Цæмæндæр мæхи æвзæр^ хатын райдыдтон. Хъуыды код- тон: Владимир мæ йе ’рдхордæй фæрсдзæи, мæнмæ та ууыл дзурын тыиг зын каст. Цыма мæ фысым уый йæхæдæг бам- бæрста, уыйау фыссын райдыдта: «Хæстæй куыддæр рыздæх- тæн, афтæ бафарстон ме ’рдхордæй не ’фсæддон къамисариа- ты, — фенкъард, стæй мын, ныфсæвæрæгау, адарддæр кодта, — уыдонæй (æбæрæг сæфт салдæттæй) æгас бирæ ис, бирæ»... 3. ЗНАГ КУЫ НÆ СÆТТА, — КУЫНÆГ ÆЙ КÆНЫНЦ Хæст... Райгуырæн бæстæм цыфыддæр знаг æрбабырста! Партийы фæсидтмæ Къуыдаргомæй цы фæсивæд фæзынд, уы- донимæ уыд Нанийы фырт дæр. Раст зæгъгæйæ, стыр нæ уыд Нанйты Владимиры æфсæд- дон карьерæ. Фæлæ æвæджиау схонæн ис салдаты тохы фæн- дагæн. Кавказæй райдыдтой тугкалæн бырстытæ. Кавказæй суанг Укра’инæмæ æдзух фронты уыд Нанийы фырт. Æфсымæрон Украинæ нырма фашистты æлгъдг къæхты бынæй хъæрзыдта. Знаг уыДта, сæфты къахыл кæй слæууыд, уый, фæлæ уæд^ дæр нæ саст, йæхи нæ лæвæрдта. 1944 азы рагуалдзæг уыд. Февралы зæгъ уарыд. Марты мæйы хуры хъа$ш тынтæм зæхх йæ тыппыртæ уагъта. Буг йæ цæуæны нал уыд. Ривад куыройау, йæ хъиутæ хордта, фæдисо- нау, размæ тырныдта. Знаг Хуссар Бугы фарс йæхи æрфвдар кодта. Арæзта дзот- тæ, траншейтæ. Ныфс æй уыд, зæгъгæ, ивылд лакъон дон бау- ромдзæн Советон Æфсады размæбырст æмæ уыцы рæстæджы аулæфдзæн, йæхи фæфидар кæндзæн. Бынæттон адæм бæлæгъæй фæйнæджы састы онг — æп- пæт дæр фæхастой Сырх Æфсадмæ, Бугы былмæ. Владимирæн, иннæ хæстонтау, йæ хæс уыд бæрæг: куыд- дæр командæ уа, афтæ уыцыфарс куыд уа æд салдæттæ, æд хæцæнгæрзтæ. Нанийы фырт æртæ брангонды ацæттæ кодта. Райдыдта размæбырст. Знаг йе ’ппæт тыхтæ сарæзта Бугмæ. Нæмгуытæ ихуарæгау кодтой. Доны астæумæ куы бахæццæ сты, уæд знаджы сармедзаны нæмыг Владимиры брантæй иуы æд салдæттæ фæдæлдон кодта. Иниæтæ уьщыфарсмæ ахæццæ сты æмæ атакæ райдыдтой. Лæмæгъ разындысты немыцы арь- ергардтæ нæ размæбырсты раз. Уыдонæй æнæсæттондæр ра- зындысты траншейты уæвæг фашисттæ. Кæд уæлдæфон хæст дæр байгом, уæддæр знаг йæхи нæ лæвæрдта. Траншейтæ ба- сæттыныл’ бахъуыд джебогъæй хæст. Чи \сæ банымайдзæн, Вла- димлр æмæ йæ салдæттæ цал фашисты скуынæг кодтой... Иу- 34* 529
ахæмы топпы цæгатæй фæстæрдыгæй чидæр иыххафта Нанийы фырты рахиз бæхбæттæн. Цонг æххæст нæма æрхаудта, зна- джы арц уæддæр риумæ нæ бауагъта æмæ джебогъ йæ тæккзе х’æцъæфы иннæрдæм ахызт. Йæ тæвдæй галиу къухæй топпыл, мæцъисыл хæцæгау, ныххæцыд æмæ, кæй æрдауы, уый афæл- дæхы. Знаджы бомбæ æрхаудта Владимирмæ хаэстæг æмæ йе схъистæй уæззау цæф фæцис, дарддæр цы ’рцыд, уымæниицы-' уал базыдта. Цæугæ та æркодта бирæ: знагыл стыр зиæнттæ æрцыд, гас ма дзы ч.и баззад, уыдон сæхи уацары радтой. Мах- уæттæ ссæрибар кодтой горæттæ Джулинка, Гайварон æмæби- рæ хъæутæ... 4. КÆД ЦÆФÆЙ НÆ МÆЛЫС — УЫЙ ТА-ДЫН РÆХУЫСТ... Цалдæр мæйы фæхуыссыд Мæскуыйы госпиталы Владим.ир. Фыццаг бирæтæ дызæрдыг дæр кодтой йæ фервæзьшыл. Иæхи æрæмбæрста, фæлæ йæ бон сыбыртт кæнын . нæу, дзурынц æм, фæрсынц æй, фæлæ иунæг зæл. дæр 1нæ хъусы. йæхи бæстондæр куы ’рымбæрста, уæд ф^арста, цы мыл æрцыд, цы фесты мæ хъустæ, мæ хъæлæс? Дохтыртæ йын тынг ныфс æвæрдтой: рæ- стæг рацæудзæн æмæ хъусдзынæ, дзурдзьшæ, раздæрау, Уæдæ æндæр цы загътаиккой мæлæты къæсæрæй раздæхæг хæсто- нæн, куыд ын загътаиккой, зæгъгæ, атыдтой дæ хъусты бара- бантæ, куыд ын загътаиккой: æнусмæ бамыр дæ зæлланггæнаг хъæлæс... ...Мыггаг, хъæубæстæ, хæстæджыты цинæн кæрон (нал уыд, Владимир хæстæй æрыздæхт, зæгъгæ, куы фехъуыстой, уæд. Куывдтæ, диссæгтæ... Гъе, фæлæ цъус рæстæг рацыд æмæ чидæртæ Владимирыл сæхи тигъ кæнын райдыдтой, хиуæттæ дæр ,æм зул цæстæйкас- тысты. Сусу-бусу, дам-дум кодтой, æфсон, дам, кæны, æфсон, æндæра дын Владимир æвзаг нæ зоны, фæндæгтæ йын амонын хъæуы, техникумы дæр ахуыр кодта, цæй фæндагамонæг æй хъуыд (медицинон хо йæ æрхæццæ кодта). Куыннæ хъуамæ бамбæрстаид æмбаргæ, ’рынчын адæймаг адæмы цæстæнгас. Æрмæст нæ зыдта, сæ зæрдæ йыл цæй тых- хæй худы, сæ разы цы азымджын у, уый. Уый йын йæ низыл низ æфтыдта, зæрдæ-иу байдзаг æнкъард хъуыдытæй. Афæдз дæр нæ рацыд Владимиры æрцыдыл, афтæ хæст банцади, фæлæ уæддæр не сдзырдта, ницы фехъуыста Наниты Владимир. 5. АМОНД, ХÆРЗИУÆГ МА КУР! , Сындзæрхæй æрæййæфта Наниты хæстон йæ хæдзар. Йæ цæгаты, дам, ис Цхуырбиан, дзырдтой йын хъæубæстæ. Фæлæ 530
хæдзар «булкъдаст» куы разынд, æгæр-æгæр уазал сымаг куы кодта, уæд зæрдæ æппæт дæр базыдта. ...Йæ каистæ мардау фесты. Оæхи бæргæ рæстытæ кодтой; «...Нæ нæм байхъуыста, ,амой ласта, мах дæр фæхудинаг стæм...» Ноджы та маст, æмæ ды хуызæн маст, æфхæрд. Цард æм иу сау каппечы аргъ нал каст... Фæсхæст та цард йæ гаччы бадын райдыдта. Нæ хæхты бæр- к.ад йæхимæ æрцыд. Нæ хæхты уæлдæф, дон — æвдадзы хос. Владимир рог куыстытæ кæнынхъом фæцис... - Бæркадджын фæззæджы Кировы хъæусовет ноябры бæрæг- боиы æмбисонды куывд скодтой. Владим-ир уый размæ дæр цал- дæр хатты фембæлд Къорианыл, йæ зæрдæмæ цыд. Ныр бæрæг боны цины куывды дыууæ цæстæнгасы, дыууæ зæрдæйы кæрæ- дзийыл сæмбæлдысты, сиу кодтой сæ цард. Рацыд сын зæнæг. Ис сын æртæ рæсугъд чызджы æмæ иу фырыхъулы хуызæн лæппу. Тыхсын æмæ æикъард кæнын нæ уадзынц сæ ныййар-* джыты. Цыппар дæр ахуыр кæнынц Кировы астæуккаг скъо* лайы, сты зæрдæргъæвд, куыстуарзаг, хæдæфсарм æмæ ком- мæгæс. Абон дæр, кæд Нанийы фыртæн йе ’нæниздзинад бæлли- •цаг нæу, уæддæр, раздæрау, æнцой нæ зоны. йæ фарсмæ, хъу- гамы, ивгъуыд аз Кировы колхоз ныссагътой 15 гектарыл дыргъбæлæстæ. Вла!димир сæ хъахъхъæны, зилы сæм. Хъæубæстæ, совпартскъола, педтехникум, куысты æмæ хæ- стон æмбæлттæ се ’ппæт дæр Владимиры зонынц æмæ хъуыды кæнынц хæдæфсарм, зæрдæхæлар, куыстуарзаг, ирон культу- рæйыл æнувыд адæймагæй. Абон Нанийы фырт хъусы зæрдæйæ, мыхуыры кæсы æмæ зоны советон адæмы юбилейон азы сгуыхтдзинæдтæ, Ирысто-» ны æнтыстытæ. Хъусы, уыны æмæ мысы йæ ахуыргæнджыты, йæ хæлæртты, йæ зынгхуыст хæстон æрдхæрдты... Владимир дæр рох никæмæй у. Уый хорзæхджын у ордентæ æмæ майдан- тæи, исы пенси. Арæх вæййы улæфынмæ курортты æмæ санато- риты хицауады хардзæй.
Секъинаты Солтап СЫЗДÆХТ БЕЗА ДÆР ИÆ ХЪÆУМÆ Уыцы ’уалдзыгон бон мæ зæрдæйæ никуы цух кæны. Урок- тæ куы фесты, уæд нæм бадзырдтой æмбырдмæ. Скъолайы стырдæр кълæстæй иу уыдис йæ тæккæ дзаг- Канд ахуыргæн- джытæ æмæ дзы скъоладзаутæ нæ уыдысты. Бирæ æрæмбырд ныййарджытæй дæр. — Абон нæ уарзон Сырх Æфсады рæнхъытæм фæндараст кæнæм хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæй иу къорд лæппу- йы. — дзырдта скъолайы директор. ’ Фидæны æфсæддонты номæй ныхасы бар лæвæрд æрцыд , скъолайы фæскомцæдисон организацийы секретарь, ахуыры раззагдæр Нигкоты Безайæн. — Нæ уарзон ахуыргæнджытæ, нæ зынаргъ ныййарджытæ æмæ æмбæлттæ, — райдыдта йæ ныхас, — мæхи, стæй ме ’мбæлтты 'Номæй ард хæрын, махæй сымахмæ æгады хабар ка»й никуы сыхъуысдзæн. Куы бахъæуа, уæд нæ туг ратдзыстæм æртахгай бæстæйы сæрвæлтау. Безайы уыцы фидар ныхæстæ ногæй мæ зæрдыл æрлæу- уыдысты хæсты тыхст бонтæй иуы. йæ зæронд фыд, колхоз «Мæхческы» хуыздæр фыййау Темырхъан стыр сагъæсгъуызæй, сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй æрбацыд ныхасмæ. Нывнæ- лдта йæ кæрцы дзыпмæ æмæ дзы ризгæ къухтæй систа писмо. — Бакæс*ма ацы гæххæтт, кæд лæппуйы тыххæй исты æв- зæр хабар... Ныхасы ч,и .бадтис, уыдон æмхуызонæй фегуыппæг сты, цы- 532
мыдисæй æнхъæлмæ кастысты, уæдæ цавæр хабар уыдзæн,, зæгъгæ. ’ Тарстхуызæй райкæлдтои Писмо, фæлæ уайтагъд мæ ци- нæн кæрон нал уыдпс. Безайы диссаджы æхсары тыххæй йæ пыййарджытæ Темырхъан æмæ Гукуймæ стыр арфæтæ фыста шолчы командир, гвардийы дæлбулкъон Н. Петухов. «...Алæ- мæты сахъгуырд, схъомыл кодтат, тынг арæхсы удз хъæбул цъаммар немыцаг лæбурджыты ныхмæ карз тохы. Безайы бата- рейы ахæсты чи бафты, уыцы лæгхортыл судзгæ бон ныккæ- ны!..» ( ’ О, кавказаг бæгъатыр, нæ бæрзонд айнæг къæдзæхтæн сæ тæккæ хъæбысы — Мæхческы хъæуы чи райгуырд æмæ ра- хъомыл, уыцы фæтæлуæхск лæппу бирæ хъæбатырдзинæдтæ равдыста хæсты быдырты. , , , Зынæрымысæн сты, цыппар азы дæргъы хæстон цы зын- дзинæдты бафтыдис, цал æмæ цал хъæбатырдзинады равдыс- та, уыдон. Скæндзыстæм дзы иу къорды кой. Нигкойы фырты тох фыдызнаджы ныхмæ райдыдта Мæз- дæджы цур. Ам 1942 азы декабры хъызт бонты бацайдагъ мæ-' лæтдзаг хæст гитлерон фашисттимæ. Хъæбатыр хæстонты бæрны цы къорд сармадзаны уыдис, уыдон дæрæн кодтой, ги- тлеронтæ æнæбасæтгæ кæй хуыдтой, уыцы «тигрты». - Мæлæтдзаг тох бацайдагъ 1943 азы Харьковы бынмæ. Цыфæндыйæ да>р знаг хъавыд, рæстæгмæ йæ къухы цы сове- тон рæсугъд горæт бафтыдис, уый нæ р<адтынмæ, дзæвгар ног кæстон хъарутæ та æрбаппæрста ардæм. Фæлæ йын нæ бантыст. Харьков суæгъд кæныныл хæстыты стыр лæгдзинад равдыс- та, Нигкойы фырт разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы дивизи-, он. Знаджы 20 танчы цалдæр хатты ныббырстоц дивизионы, сармадзантæ-м, фæлæ-иу сæ-сау фæндтæ сæ хъуыры фæбадты- сты. Æрмæст иунæг -бо(н Безайы дивнзион басыгъта дæс тан- ЧЫ. . , ’ ’ Нæ.Райгуырæн бæстæ знагæй ссæрибар. Фæлæ Советон Æфсад нæма сæххæст кодта йæ историон хæс. Фашистты чъи-- зи цырыхъхъыты , быи хъизæмар кодтой Европæйы къорд пад- дзахады адæмтæ. Хи ’фсымæртæм æнхъæлмæгæсæгау кастыс- ты сæрибархæссæг советон æфсæддонтæм. Венгрийы зæхмæ фыццаджыдæр чи бахызт, сæрибар ын чи ’рхаста, уыдонæй иу уыдис Безайы дивизион. Бирæ хæттыты равдыста Беза ам стыр лæгдзинад. Иу хатт йæ салдæтты къорды разæй бахъуызыдис æфсæивæндаджы станцæмæ. Станцæйы <иу уаты фæмидæг, Уаты цы цыппар немыцаг афицеры æмæ дыууæ салдаты бадтис, уыдонæн сæ фæсонæ,рхæджы дæр нæ уыдис, уыцы ’хсæв сæм ахæм «уаз- джытæ» фæзындзæн, уый. — Иу дæр йæ бынатæй ма фезм.æлæд!—йæ къухты автомат, йæ# фарсыл — дамбаца, афтæмæй Беза æрлæууыд дуа- рыл. Немыцæгтæ цавддуртау фестадысты, иу хъыпп скæнын 533
дзы ничиуал сарæхст. Бахъуыд та уыдоны дæр сæ къухтæ хæр* дмæ схъил кæнын æмæ советон хъæбатыр хæстоны разæй æнæ- бары рараст уæвын. Стæй ууыл дæр нæ ахицæн уыцы балц. Нигкойы фырты дивизионы сармадзантæ скуыстой, ныффалгæ- рон кодтой знаджы поезд æд хæцæнгæрзтæ. Цыбыр, фæлæ карз хæст банцадис. '80 немьщаг салдаты æмæ афицеры ссардтон сæ мæлæт. Знаг лыгъдис ныгуылæнмæ. Иæ гæрзтæ бьгнтон нæма æры- вæрдта. Уый нæ, фæлæ, сонт бирæгъау, тынгæй’-тынгдæр лæ- бурдта. Стыр хæстытæ цыдисТиссæйы цæугæдоныл. Немыцæттæ бирæ фидæрттæ сарæзтой доны ныгуылæн фарс. Æнцон бахи- зæн нæ уыдис йæ сæрты. Æхсæвæй-бонæй иу минут дæр не ’нца- дис пулеметты къæр-къæр, æхстой æмæ æхстой. Хъуыдис уыдо- ны хурхыл бахæцын. Уый та артиллерийæ аразгæ уыдис. Æмæ рæстдзæф артиллеристтæ бамынæг кодтой мæлæтхæссæг пуле- метты ахстæттæ, фистæг æфсадæн фадат фæцис, чы.сыл зианти- мæ Тиссæйы фаллаг фарсмæ бацæуьшæн æмæ фыдгулы дард- дæр сурынæн. Фыдгул йæ зонгуытыл æрлæууыд. Рейхстаджы сæрмæ сфæй- лыдта^ уæлахизы Сырх’ тырыса. Фæлæ фашистон лæгхортæй уæгъдгонд нæма уыди Чехословакийы столицæ Прагæ. Уырдæм 9-æм майы фыццаджыдæр бабырста капитан Нигколты Безайы дивизион. Æмæ йын дзæбæх бантыстис. Ныццагъта знаджы ца- лдæр сæдæ салдаты, дыууæ минмæ ’ввахс та дзы уацары райс- та. Цыппар азы дæргъы —^сæсты быдыры. Бирæ хатт-иу æнхъæл дæр нал уыдис, æгасæй ма баззайдзæн, уый. Фæщис цалдæр цæ- фы. Ныр фæцис тугкалæн хæст. Хъæбатыр хæстонтæ цыдысты сæрыстырæй сæ райгуырæн хъæутæ æмæ горæттæм. Нигкойы « фырт дæр уæлахизæй æрыздæхт йæ райгуырæн хъæу Мæхческмæ. Колхозы нæ фаг кодта кусæг тых. Æмæ Беза никæмæй бадомдта хъарм, æнцой бынат. Дардта гутон, колхо- зон уæрæх зæххытæ ласта похцийæ, тыдта нартхор. Стыр тохты æхсыст, хъæбатыр алкæм дæр йæхи æвдыста фæзминагæй. Уый фæстæ куыста партийы райкомы секретарæй, райæххæсткомы, колхозы сæрдарæй. Ныртæккæ Беза кусы Æрæфы хъæдпром- хæдзарады директорæй.
Плиты Илья АДÆМЫ УАРЗОН Талынг æмæ фæстæзад уыдьюты революцийы агъоммæ -ирон хъæутæ. Уæлдай талынгдæр та уыдыоты хæххон хъæутæ: фæн- даг сæм нæ уыд, стæм рæтты йедтæмæдзы скъола никуы уыд. Стæм адæймæгтæ-иу оæ сывæллæтты ахуырмæ лæвæрдтой дыу- уæазон скъоламæ, æмæ-иу чысыл цыдæртæ базыдтой. Уæлдæр скъоламæ сæ сывæллæтты радтаиккой адæм, уый фадат сын нæ уыди — цыбыркъух уыдысты. Талынг ,хъæу уыдис Хуыцъе дæр. Дзауæй чысыл мидæгдæр куы бауайай, уæд уым, хохрæбын, Леуахийы доны был хуыссы. 1898 азы ацы ран райгуырдис -рагон болыневик, революционер Пæррæстаты Шушуйы фырт Тотыр. Сæхи хъæуы скъола нæ уыд æмæ йæ йæ фыд ахуыркæнынмæ радта Дзауы дыууæазон скъо- ламæ. Паддзахы дуджы уый хуызæн мæгуыр лæджы фырт уæл- дæр скъола каст фæуыдаид, уыцы амонд ьш цы хуыцау лæ- вæрдта! Мæгуыр цард кодтой Тотыры мад æмæ фыд, зæхцух уæвгæйæ, хорхъуæгтæ æййæфтой æмæ сæ фырты ахуыркæнын- мæ искуыдæм арвыстаиккой, уый фадат сын нæ уыдис. Афтæ- мæй Тотыр Дзауы дыууæкъласон скъола каст куы фæци, уæд æй йæ фыд кæйдæрты æххуысæй айсын кодта Боржомы æрмгу- сæн скъоламæ. 1916 азы йæ каст фæци æмæ ацыди Калакмæ, уым куыста хырхæйфадæн заводы машинисты æххуысгæнæгæй. Æрытон лæппу уайтагъд фæзонгæис раззагон кусджытимæ æмæ уыдон амындæй райдыдта сусæг революцион куыст. 1918 азы ,меньшевикты хицауады рæстæджы Александровы бæлас- доны революцион интеллигенци Калачы раззагон кусджытимæ иумæ сарæзтой митинг. Уыцы митинджы хайад райста Тотыр Дæр. — Фесæфæд меньшевикты хицауад! — Уæлахиз уæд кусæг адæм! 535
— Кусджытæ æмæ зæхкусджытæ, нæ тыхтæ сиу кæнæм! — ахæм уыдис митинджы хайадисджыты сидт. Уый фæстæ Тотыр рацыдис йæ райгуырæн хъæу Хуыцъемæ. 1918 азы марты Тотыр активо.н хайад райста меныневик- ты ныхмæ Цх^инвалы растады дæр. Тотыр, Калачы цæргæйæ, базонгæис уæды рæстæджы ирон раззагон кусджытимæ, активои хайад истой революцион ми- тиигты, æмбырдты. йе уымæ гæсгæ 1919 азы бацыдис Комму- нистон дартийы рæнхъытæм. Тотыр бирæ касти аивадон ’æмæ политикон литературæйы чингуытæ, йæхиуыл куыста, йæ зоньгнад бæрзонд кодта, æмæ арæхстджьш кæй уыд, уымæ гæсгæ йын радтой ахуыргæнæДжы ном, райдиан скъолайы кусыны ’бар, афтæмæй меньшевикты хицауады рæстæджы куьгста ахуыргæнæгæй Карелы районы Имерхеуы æмæ Хвтишобелийы скъолаты, ахуыр кодта ирон сывæллæтты. Уыимæ агитацион куыст кодта зæхкусджыты ’хсæн дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй 1921 азы февралы Гуырдзыс- тоны меныневлкты хицауад æппæрст æрцыдис, сæ лидертæ та сусæгæй ахъуызыдысты фæсарæнмæ. Меньшевиктæй. ма бынатычи баззадис, уыдон сæхи баау- уон кодтой, сусæг куыст кодтой, æмæ, сæ тыхтæ æрæмбырд кяы- гæйæ, сæ сæр сдардтой — 1924 азы растад сарæзтой Карел æмæ Хашуры районты, фæлæ сæ Сырх Æфсады хæйттæ æмæ парти-, зантæ быны пырх ныккодтой. Уыцы тохты активон хайад райста иыфсхаст партизан Пæр- рæстаты Тотыр дæр. " Хуссар Ирыстоиы . Советон хицауад куы ’рывæрдтой, уæд Тотыр куыста бæрнон бынæтты: уыдис Цхинвалы раймилицийы хистæр, Хъорнисы районы фæскомцæдисон организацийы сек- ретарь, партийы Дзауы райкомы секретарь. Уыди Хуссар Ирыс- тоны ЦÆК-ы уæнг, æмæ Цхэдвалы Ревкомы уæ:нг дæр. Куыст- иу фæстийæ кæм задис, уырдæмчиу æрвыстой Тотыры. Æхсæна- дон хъуыддæгты (активон хайад кæй иста æмæ цæсгомджын куыст кæй кодта, уый тыххæй Тотыры арвьистой ахуыркæнын- мæ Фæскавказы Коммунистон университетмæ. Ахуырæй дард- Дæр ма институты кодта æхсæнадон куыст дæр: сæвзæрстой йæ парткъорды секретарæй æмæ профкомы сæрдарæй. Студентты ’хсæн кодта агитацион куыст. Уый æмрæстæджы уроктæ ла^ вæрдта Калачы ирон скъолайы дæр. 1929 азы Тотыр Комвуз каст фæцис æмæ æрбаздæхтис Хус- сар Ирыстонмæ, кусын райдыдта Дзауы хъæууонхæдзарадон техникумы директорæй, стæй та Цхинвалы индустриалон тех- никумы ахуыргæнæгæй. Цасдæр рæстæджы фæкуыста кусфачы æмæ педтехникумы директорæй дæр. Тотыр бирæ уарзта фæсивæдимæ кусын, йæ тыхтæ æмæ йæ хъарутæ лæвæрдта рæзгæ фæлтæрæн коммунистон хъомылад радтыныл. Тотыримæ цы ахуыргæнджытæ куыста, уыдон-иу 536
а?м тæхуды кодтой: Уый, дам-ну урокмæ куы бацыд, уæд сту~ денттæ æнцад бадтысты, зæрдиагæй хъуыстой, уый предметæй- лу сæ уроктæ.хуыздæр цæттæ кодтой. Тотыр, бæрнон бынæтты кусгæйæ, йæ райгуырæн хъæуы ни- куы рох кодта, арæх æм цыд уыиынмæ, адæмимæ ныхас кодта, фарста сæ сæ царды хабæрттæй, сæ хъуагдзипæдтæй. Хуыцъе- йæгтæ Леуахийы доны был цæрынц, хъæдын хидыл цыдысты æмæ-иу æй ивылд дон аласта. Цæрджытæ æнæ хидæй тыхстые- ты. Ацы хъуыддаджы сын Тютыр баххуыс кодта æмæ хъæуы астæу Леуахийыл сарæзтой бетон хид. Уыцы хид абои дæр То- тыры хид хоньшц, Тотыры арæзт у, зæгъгæ. Тотыр иу цасдæр рæстæг фæкуыста Хуыцъейы хъæуы колхозы сæрдарæй дæр. Колхозонтæ ныр дæр ма фæкæнынн йæ хорзы кой. Уый колхо- зы куыст афтæ рацарæзта æмæ колхозонтæ æмудæй куыстой, сæ фæллойбонтæм та бирæ продукттæ истой. Тотыр уыди йæ райгуырæн бæстæйы патриот. Фыдыбæ- стæйоп хæст куы райдыдта, уæд, йæ куысты бынаты уавæрмæ гæсгад, уымæ æфсадмæ нæ сидтысты, фæлæ уый барвæндонæй гцыд фронтмæ æмæ хæсты фæудмæ тох кодта немыцаг-фаши- стон абырджыты ныхмæ. Бирæ сгуыхтдзинæдтæ равдыста Тотыр хæсты фронтты. Уый службæ кодта 46 армийы, уыд хæлцадон базайы къами- сар, стæй та политхайады хистæры хæдивæг. Хайад иста 2-аг æмæ 3-аг Украинаг фронтты, Кавказы хохрæбынтæй хæцгæ ацыдис æмæ хайад райста Венгри, Австри, Румини/ Болгари, Югослави æмæ Чехословакийы зæххытæ немыцаг фашисттæй ссæрибар кæныны тохты. 1942 азы немыцæгтæ Кавказы хохрæбынтæм куы ’рбахæц- цæ сты, Марух æмæ Клухоры æфцджытыл тохтæ куы цыдис, уæд не ’фсæдтæ бирæ зындзинæдтæ баййæфтой: æфцджытæм фæндаг нæ уыдис æмæ уымæ гæсгæ хæстонты хæцæнгæрзтæ æмæ хæлц се ’ккой хæссып бахъуыди, Пæррæстаты Тотырæн командæкæнынад бахæс кодта хæстонты хæлцæй сифтонг кæ- нын. Хæлцадон базайы къамисар уæвгæйæ, уый йæ хæстæ æх- хæст кодта рæстæгыл æ^мæ намысджынæй. 1945 аз. Советон Æфсæдтæ æввахсæй-æввахсдаф кодтой фашизмы лæгæт — Берлинмæ. Уый æмрæстæджы ма Советон Æфсæдтæ сæрибар кодтой, немыцæгтæ цы бæстæтæ бацахстой, уыдон дæр. Тотыр цы æфсæддон хайы уыдис, уыдон дæр хъуамæ ба- цахстаиккой Венгрийы столицæ — Будапешты. Ахизын хъуы- дис Дунайы фурды сæрты. Фæлæ сæ немыцæгтæ тьрсджын æх- сты бын фæкодтой. Карз тохты фæстæ не ’фсæдтæн фурды сæрты ахизын бантысти æмæ бацахстой Будапешты горæт. Фурды сæрты хизгæ-хизын æмæ зынгсирвæзтыты - рæстæ- джы тас уыдис æфсæддон хайы ахсджиаг документтæн фесæ- фынæй, фæлæ бахъахъхъæд æрцыдысты. Уьтцы карз тохты æхсар. æмæ лæджыгъæд кæй равдыста 537
æмæ йе ’фсæддон хайы документтæ æнæхъæнæй -кæй бафснайд- та, уый тыххæй майор Пæррæстаты Тотыр хорзæхджын æр- цыд «Сырх Стъалыйы» орденæй. Тотырæн йæхицæн куыст æмæ тохы фæдыл’цы документ- тæ ис, уыдон дæр хæрзæфснайд сты. Куы сæ фæлдæхтам, уæд нæ дисы æфтыдтой. Уый ма орденæй дарддæр хорзæхджын у Кавказ бахъахъхъæныны, Белград, Будапешт, Венæ сисыиы æмæ Германыл фæуæлахизы тыххæй майдантæй. Йæ хæстон сгуыхтдзииæдты тыххæй 18 хатты бузныгдзинад райста Сæй- раг Хистæркомандæгæнæгæй- Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Бекъойты Барис йе ’мтох- гæнæг Тотыры тыххæй йæ мысинæгты афтæ фыссы: «Иу æфсæд- дон баиугонды службæкæнгæйæ, Миллеровойы фембæлдтæн не ’мбæстаг Пæррæстаты Тотырыл. Уæд не ’фсæдтæ быдырон фронты 'Скоиды сæхи цæттæ кодтой хæстон операцитæм Курскы районы, Тотыр уыдис иттæг хорз афщер, йæ диссаджы юморы фæрцы-иу йæ хæстонты зæрдæйы уаг уыдис хорз, разæнгард сæ кодта хъазуатон тохмæ>\ Фыдыбæстæйон хæст куы фæци, уæд Тотыр æрыздæхтис йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Рагæй фæстæмæ йæ хъуыддаджы лæгæй, арæхстджыи кусæгæй зыдтой областы разамындгæн- джытæ1 æмæ йæ уайтагъд снысанкодтой Цхинвалы горæххæст- комы сæрдары хæдивæгæй. Цыппар азы фæкуыста уыцы бы- наты. Бирæ йын бантысти саразын горæт срæсугъд кæныны хъуыддаджы. Уый фæстæ куыста Цхинвалы № 2 астæуккаг скъолайы директорæй, агуириаразæн заводы директорæй, æмæ фæстаг хатт та, 1958 азы онг, йæ амæлæты бонмæ, куыста ахуыргæнджыты Хæдзары директорæй. Тотыр уыди зæрдæхæлар, рæстуд, намысджын кусæг, куы- стуарзаг, уæздан æмæ культурон адæймаг. Зæрæдтимæ зæронд уыдис, æмæ сывæллæттимæ та— сывæллон. Кæмдæриддæр æмæ кæимæдæриддæр куыста, уыдонæй йыл никуы никæй зæрдæ бахудтис, никуы никæй зæрдæхудты бацыдис. Æвæццæгæн, нæ областы стæм адæймаг разындзæн, уый чи нæ зыдта. Адæмы бирæ уарзта, æмæ йын йæхи дæр бирæ уарзтой. Алкæй дæр-иу фæндыдис йемæ аныхас кæнын, йемæ абадын, иунæгæй йæ ни- куы ничи федтаид. • йæ цардæмбал- Пæррæстаты-Гаглойты Олгъа — х^ьæууонхæдзарадон зонæдты кандидат—афтæ фæзæ- гъы: «Тотырæн афтæ хорз ахаст уыдис бинонты царды æмæ дзы иунæг схуыст ныхас никуы зонын». Уд æмæ дзæцц уыди Тотыр адæмæн, цингæнаг, алкæмæн дæр йæ^ хæдзары дуар гом дардта, искæй бацыд æм хъыг нæ касти. йе ’рвадæлты, йæ зонгæты сывæллæттæй цал æмæ цал схъомыл ис йæ къухы! Слæгтæ сты, уæлдæр скъолатæ каёт фесты æмæ ныр кусынц бæрнон бынæтты. Бирæ сты Пæррæстаты Тотыры лæггæдтæ ирон адæмæн æмæ йын йæ рухс ном мысдзысты кæддæриддæр.
Плиты Илья АККАГ ФЫРТ Знауыры районы Нулы, хъæуы цæрæг, рагон болыневик, æртæ революцийы хайадисæг Петриашвили Васо Паулейы фырт (Гочъис-пеха — афтæ йæ хуыдтой лартион номæй) бирæ фыдæбæттæ бавзæрста паддзахы æмæ меныпевикты хицауады рæстæджы. 1905 азы революцийæ фæстæмæ тох кодта фæллой* гæнæг адæмы сæрибардзинады сæрыл. Меньшевикты ныхмæ тохгæнгæйæ, цалдæр хатты фæцæфис, бадтис ахæстæтты дæр. Йæ райгуырæн къуымы Советон хицауад куы сфидарис, уæд йæ риуыдзаг сулæфыдис, æ*мæ кæд революцийы агъоммæ Чъиатурайы шахтты уæззау куыстытæ кодта, йæ хъару йын састой, уæд ныр йæ райгуырæн хъæуы амондджын цардæй цæрын райдыдта. 1929 азæй 1940 азмæ æнæраивгæйæ фæкуыс- та сæхи хъæуы колхозы сæрдарæй. Уасойы адæм бирæ уарзтой, семæ куыста, семæ ныхас кодта, æмæ-иу арæх фæсивæдæн фæдзæхста: «Сымах, мæ хъæ- бултæ, амондджын дуджы райгуырдыстут! Советон хицауад уыл ауды æмæ уæ хъомыл кæны. Фæлæ уæ рох ма уæд, нæ бæстæйæн бирæ знæгтæ кæй ис æмæ йæ хъахъхъæнын кæй хъæ- уы.» ...1921 азы Петриашвили Васойы хæдзары райгуырдис лæппу æмæ йыл сæвæрдтой ном Гено, зæгъгæ. Гено скъола- мæ цæуынхъом фæци. Райдиан скъола каст фæци сæхимæ — Нулы хъæуы. Уый фæстæ ахуыр кодта Цхинвалы астæуккаг скъолайы. Хорз ахуыр кодта. Уый æмрæстæджы ма ахуыркæ- нынмæ цыди Цхинвалы аэроклубмæ дæр. Æвзыгъд лæппу уы- 539
ди Гено, рагæй бæллыди тæхæг суæвынмæ. Цоциты Васяг Кобылты Свргей æмæ йьпьКозаты Шаликъо. амыдтой тæхьь ны дæсныйад æмæ цыбыр æмгъуыдмæ йæхæдæг дæр базыдта тæхын. Тæхджыты скъола каст фæцис æнтысгæйæ æмæ наэ. уымæ гæсгæ ахуыр кæнынмæ’ арвыстой Æфсæддон-авиацион ’ скъоламæ. Скъола каст фæцис æмæ йып радтой æфсæддоп тæ: хæджы ном. Уыцы рæстæджы Гено йæ фыдмæ фыста: «Мæ , зынаргъ фыд, мæ ахуыр фæдæн æмæ ныр дæн æфсæддон тæ- хæг. Дæ иыхæстæ дын мæ зæрдыл дарын æмæ фæстаг сулæф- ты онг тох кæндзынæн нæ Райгуырæн бæстæйы сæрыл»... Фыдыбæстæйон хæрт куы райдыдта -немыцаг-фашистон тыхæйисджыты иыхмæ, уæд Гено хъæбатырæй тох кодта Ны- гуылæн фронты, хъахъхъæдта нæ Райгуырæн бæстæйы столп- цæ — Мæскуы, горæттæ Тула æмæ Воронежы. Æхсарджын хæс- тон Петриашвили Гено цыфæнды боныгъæдты дæр тахтис йæ хæдтæхæгыл æмæ дæрæн кодта , фыдгул знæгты æмæ-иу кæд- дæриддæр уæлахизæй æрбаздæхтис сæ аэродроммæ. Фронтон газет йæ уацы «Цьшпарæй дыууыны ныхмæ» фыста, зæгъгæ. кæстæр лейтенант Петриашвилй Гено лемыцаг фашистты ных^ мæ тохы равдыста æхсар, лæджыгъæд æмæ хъæбатырдзинад. 1942 азы 4 августы советон авиацийы цыппар цæргæсы: æмбæ- лттæ Филатов, Петриашвили, Колесничепко æмæ Баранов нæ фистæг æфсæдты хъахъкъæдтой фашистон абырджыты æрбабыр- стытæй. Иу бон арвыл бафиппайдтой 20 мессершмидты æрба- цæйтæхгæ, хъуамæ не ’фсæдтыл бомбæтæ æркалдтаиккой. Со- ветон куынæггæнджытæ, æнгом слæугæйæ æмæ арæхстджынæй ,архайгæйæ, сæмбæлдысты знæгтыл, æмæ кæд нымæцæй фыл- ’дæр уыдысты пыхмæлæуджытæ, уæддæр семæ тохы бацыдыс- ты, иттæг хорз равдыстой тæхæджы дæсныйад. Знагæн йæ хæ- цæнгæрзтæ байсын, стыр зиæнттде йын бакæнын æмæ уæлахиз- дзинад къухты бафтын — ахæм уыдис советон тæхджыты хæс. Знæгтæ ныхмæ тынг лæууыдысты, хъавыдысты нæ тæх-, ’ , джытыл æрх!,ула кæнынмæ. Фæлæ советои хæстонтæ цыппарæй бацыдысты æнæмсæр тохы, фашистты сæ уæлныхты систой. Ха^ст ахаста 20 мпнуты бæр’Ц.-Мессершмидтæй æртæ фæцæф-, ис, дыууæ та дзы хаугæ æркодта, сæ фæздæг скалдис. Уыцы тохы Гено йæхæдæг æрæппæрста иу хæдтæхæг. Советон тæх- дл^ытæ цьшпар дæр æнæзианæй æрбаздæхтысты сæ аэродром- мæ. Æлсар æм-æ хъæбатырдзинад кæй равдыста Петриашви- ли, уыи тыххæй хорзæхджын æрцыдис «Сырх Стъалыйы» ор- денæй. Фронты командæкæнынад фыста: «Зæрдиаг арфæ кæ- нæм советон æхсарджын тæхджытæ — хистæр лейтенант Фи- латовæн, кæстæр лейтенант Петриашвилийæн, хистæр сер- жант Колесниченкойæн, фондз хатты фылдæр чи уыд, уыцы фаА шистон тыхæйисджытыл кæй фæуæлахиз сты, уый тыххæй». Гепо уый фæстæ дæр хъæбатырæй тох кодта немыцаг-фа- шистон тыхæйисджыты ныхмæ, фæлæ иу тохы мидæг мард фæ~ 540
ци хъайтарон æгъдауæй. Командæкæнынад æй иогæй бавдыс- та хорзæх райсынмæ йе сгуыхтдзинæдты тыххæй, фæлæ йæ ацы хатт йæ риуыл нал бакодта... Æхсарджын лæппу схъомыл кодта Петриашвили Васо, йæ- хп хуызæн уæндон æмдо ныфсхаст рацыди. йæ фыды каддæ- лæмæ никуы ’руагъта. Революцион тохы фæвдагыл цæугæйæ, йæ фыды фæзмгæйæ, йæ сæр нывондæн æрхаста Райгуырæн бæстæ æмæ,фæллойгæнæг адæмы сæрибардзинад бахъахъæ- ныны сæраппонд.
Мхаргрдзели С, Кавказаг И. ÆХСÆЗ ОРДЕНЫ КАВАЛЕР, ГВАРДИИЫ БУЛКЪОВ Гуырдзыстоны Комиартийы Централон Комитеты æнæшта- тонлектор, хъæууонхæдзарадон институты хистæр ахуыргæнæг Плиты Фшшпп йæ царды цы зын фæндагыл рацыд, уый тыххæй хъусæм ’йæ беседæмæ. Ацы хатт мах нæ интерес кæнæм йæ лек- торон куыстмæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, æхсæз ордены кавалер, запасы булкъон дзуры фашистон тыхæйисджьг ты ныхмæ советон адæмы хъæбатыр тохы эпизодтæ. Плиты Филипп хæсты райдианы уыдис хистæр политрук. Хæсты уæз фыццаг хатт Цæгат Кавказы банкъардта 1942 азы. Хъайтарон тох кодта .Прохладнаяйы, Нальчикы алфæмблай. Уый фæстæ та хайад иста Перекоп æмæ хъайтар горæт Севас- тополы уæззау тохты, йæ фыццаг 1хæстон хорзæх уыд «Сырх Тырысайы» орден. ...1944 азы апрелы кæрон Севастополы бацæуæнты цы фис- тæг полк лæууыд, уымæн йæ командиры хæдивæгæй политикон хайы куыста Плиты Ф. Хъайтар горæт ссæрибар кæ^ныны рад æрцыд. ФаШисттæ хатыдысты сæ мæлæт, фæлæ уæддæр фидар хæцыдысты зæххы алы гæппæлыл дæр. Плийы фырт басгæрста Белбечы быдыры чи ’рбынат кодта, уыцы фьщцаг æфсæддон хай бабырстмæ куыд цæттæ у, уый. Басгæрсты фæстæ фæцæй- цыд полчы командон пунктмæ. Фæлæ утæппæт мигътæ нæ лæ- вæрдтой фæндагыл раст цæуыны фадат. Плийы фырт æмæ йæ салдат Фалалеев хæрхæмбæлд фесты 542
яемыцаг афицер æмæ дыууæ автоматчикыл. Советон хъæбатыр домандир нæ фæтыхст. Фашистон афицеры фæмард кодта. Ацы уысмы фæстæ æрбахъуызыдысты знаджы автоматчлктæ. Фæлæ уырыссаг салдат фæцырддæр ис. Автоматæй фæмард кодтадыу- уаеф^шисты. Афтæ’мæй мæлæтæй фервæзьщ кодта йæ командиры. Майы райдиан. Севастополы цур-нæсабыр кодтой не ’фсæд- ты размæбырсæн операцитæ. Плийы фырт цы полчы уыд, уый 8 майы атыдта немыцæгты фидар хъахъхъæдад æмæ ахызтис цæгатырды/гæй денджызы бакæлæнмæ-Ацы бакæлæны зындзи- нæдтæ дæр æнтысгæйæ иыббырстой нæ хæстонтæ æмæ Севасто- полы бамидæг сты. Сцырын сты уынджы тохтæ. 9 майы Хъай- тар горæт уыд сæрибар — асыгъдæг ис оккупанттæй. Ацы бабы- рстæн æвзыгъд разамынды тыххæй Плийы фырты схорзæхджын кодтой «Сырх Тырысайы» орденæй. Севастополь ссæрибар кæныны тыххæй тохы сæхицæн скад < кодтой, политикон кусæг Плиты Ф. кæмæн разамынад кодта, полчы уьщы коммунисттæ. Горæтмæ знаджы фидар сегасæй раз- дæр батыдта дæсы хистæртæй сæ иу — ком,мунист капитан Джибладзе. Танчы ныхмæ гранаттæй уый йæхæдæг скуынæг кодга знаджы æртæ танчы. Полк тыхджын маршæй рацыд Се- вастополæй Берлинмæ хæстон фæндаг æмæ ссæрибар кодта бирæ горæттæ æмæ цæрæн пункттæ. Плиты Филилпы" бахъуыд Литвæйы ссæрибар кæныныл Шауляйы грдыгæй дæр тохты хайад райсын. Уый тох кодта Балты денджызы донбылгæроны фыццаг фронты дыккаг гвар- дион армийы рæнхъыты, кæцыйæн командæ кодта инæлар-бул- къон П. Чанчибадзе. — Хорз зонгæ уыдтæн зьшдгонд гуырдзиаг æфсæддон хис- тæримæ, — дзуры Плиты Ф. — Ныфсджын адæймаг уыд. Арæх æй уыдтон траншейты. Бабырсты размæ-иу бæрæг кодта хæстонты: куыд у сæ ахаст, куыд цæттæ сты змаджы фæцæф кæнынмæ, сыгъдæг конд сты æви нæ — разæнпард сæ кодта. Цахæмфæнды моменты дæр æгъдаууарзаг, рæстдзинадыл’ дзурæг уыд. Æфсæддонтæн рæстæгыл хæрд вæййы, æви -нæ æмæ сын цы хуызæн хæринаг дæттьгнц, газеттæ исынц, æви нæ — æп- пæт уыдæттæм интерес кодта æмæйæ уарзгæ дæр уьшæнкодтой. 1945 азы февраль. Тилзиты бацæуæнтæ. М,иты тъыфылтæ кæрæдзи фæдыл хаудысты зæхмæ. 126 æхсæг дивизи. Уым слу- жбæ кодта Плиты Ф. Фæзындис та П. Чанчибадзе. Немыцæгты æрвылбондæр хъуыд фæстæмæ алæууын, фæлæ уæддæр се ’хсын нæ уагъдтой. Армийы хистæр бацыд траншейтæм. Бафæдзæ,хс- той йæ, зæпьгæ, тæссаг у ахæм рæстæджы æддæмæ рацæуын. Фæлæ æхсарджын инæлар уыдæттæ ницæмæ дардта. Фарста командирты, цæфтæ сæм бирæ ис, кæнæ рынчын кæд исчи ис, уæд сæ æвæстиатæй акæнут фæсчъылдьшмæ, зæгъгаеХАфтæ ау- дыдта уый алы хæстоныл, алы адæймагыл. 543
126 дивизийы уайтагъд алæвæрдтой, Советон Цæдисы Дыу. уæ хатты Хъайтар,' инæлар-булкъон Белобородов командир кæ- мæн уыд, уыды армимæ. Плийы фырт уыдйс гвардион дивизийы командиры хæдивæг политикон хайы. Йæ хаастонтæ ^ссæрибар кодтой горæттæ Тильзит, Июрбург, скуынæг кодтой Данцигы гермайна-г къордты. Гвардийы булкъон хæсты фæцыдис Померани æмæ Номщ- тетнины онг. Уый та ноджы схорзæхджын кодтой Фыдыбæстæ- йон хæсты фыццаг, дьгккаг степены ордентæй, «Сырх Тырыса- йы» орден æмæ 7 медалæй. Æнæзæрдæхудт коммунист Плиты Ф. кæмдæ^иддæр куыста, алы ран дæр ын кад кодтой æмæ йæ уарзтой, Уый нырма æвзонг лæппу уыдис, Дзауы районы Ручъы хъæуæй Мæскуымæ куы иыццыд, уæд. 1934 азы каст фæцис пъланон-экономикон институт æмæ та йæ райгуырæн бæстæмæ ’рыздæхт. Хæсты агъоммæ æмæ уьий фæстæ дæр уыдис Хуссар И.рыстоны пъланон къамисы сæрдар, партийы • обкомы уæнг. Ныртæккæ Гуырдзыстоны хъæууонхæдзарадон институты кæсы лекцитæ политэколомийæ. . _ -_ Плиты Ф. афæлвæрдта аивадон литературæйы кусыныл дæр. Уый ныффыста льесæ «Назирæт» æмæ йын 1938 азы Цхин- валы мыхуырæй рацыд ирон æвзагыл. Пьесæйы æмавтор уыд, Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Волгæйы цур чи фæмард ис, уыцы хæстон — Булацы фырт. Дыууæ азы фæстæ уырыссаг æз- загыл ныммыхуыр ис чиныг «Советон Хуссар Ирыстон» (Гуыр- дзыстоны ССР 20 азы сæххæсты сæраппонд, йæ редактор уыд Плийы фырт). Гуырдзыстоны хъæууонхæдзарадон институты куыстимæ ивгъуыд аз ныммыхуыр ис Плиты Ф. чиныг «Сæудæ- джерад æмæ хъæууон хæдзарады талкæй спайда кæнын». Ацы темæйыл ныффыста æмæ йын цæттæ у диссертаци дæр. Хæсты хайадисæг, æхсæз ордены кавалер, гвардийы запасы булкъон Плиты Филипп-дарддæр хъаруджын тох кæныногфæл- тæр хъомыл кæныныл.
Плиты Илья РЕВОЛЮЦИОНЕР ХÆСТОНЫ ЦАРДВÆНДАГ уХуосар Ирыстоны стæм адæймаг разындзæн, Плиты Ми- хаилы (Миша) ч,и нæ зоны, ахæм. Сабыр æмæ уæздан, салам- дæттаг æмæ куыстуарзаг, — ахашæй йæ зонынц адæм. Фæлæ йæм æппæты хуыздæр миниуæг уый ис, <æмæ Райгуырæн бæстæ, Коммукистон парти æмæ адæмыл æнувыд кæй у. Цымыдисаг у ацы лæджы цардвæндаг. Уый райгуырдис 1898 азы Ручъы ,хъæуы мæгуыр .зæхкусæг бинонты ’хсæн. йæ фыд Михел — зæххъуаг лæг, æддæ бæстæты куыстагур бирæ фæхатти, фыркуыст æмæ фыдцардæй рафтыди æмæ цæрынхъуа- гæй амарди. Михаил сидзæрæй .хъомыл кодта сæхимæ, цыди скъоламæ. Ахуыр ;кæнынмæ рæвдз уыдис æмæ хъæууоп скъо- ла каст куы фæци, уæд æй йе ’рвадæлты æххуысæй Гуры гим- назмæ айстой. Гимназ каст куы фæци, уæд куыста Едысы хъæ- уы ахуыргæнæгæй. 1920 азы Михаил 22 аздзыдæй Хуссар Ирыстон’ы растадон- ты æмрæнхъ слæууыдис æд хæцæнгарз æмæ тох кодта меньше- викты ныхмæ. Коммунистон партимæ дæр уæд бацыд. 1920 азы фæззæджы барвæндонæй бацыд Хуссар Ирыстоны 2-аг бригадæ- мæ æмæ хайад иста Бургъустаны тохты æмæ Цæгат Ирыстоны зæххыл урогвардион бандæты ныддæрæн кæныны хъуыддаджы Дæр. 1921 азы февралы ’бригады хæстонтимæ æфцæгыл æрхыз- ти æмæ ^хайад райста Гуырдзыстоны Советон хицауад æрывæ- рыны хъуыддаджы. Уыцы аз æвзæрстæрцыд фæскомцæдисы об- комы секретарæй æмæ Гуырдзыстоны ЛКФЦ ЦК уæнгæй. Хæ- ныкъаты Олгъæ йæ мысинæгты чиныг «Дæс азы», зæгъгæ, уым Михаилы тыххæй афтæ фыссы: «Хуссар Иры фæскомцæдисы 35* 545
обкомы бирæ фæкуыста. Кæддæриддæр уыд ЦК-йы уæщ\ Ахæм съезд, конференци кæнæ кампани иæ хъуыды кæнын, æмæ дзы Миша хайад ма истаид. Авторитетджын уыд. Никæй хъыджы бацыдаид, ’æгъдауджын, рæстаг лæппу. Фидыцджын цæстытæ йын уыд æмæ мидбылхудт. Къаннæг уæвгæйæ, цæугæ тагъд æмæ гуыбыр-туыбыр кодта Миша. — Миша, дæхи ераст кæн, дын, зæгъын! — Дарæг дæ мауал уæд, куынæ мæ фæуынгæджы кæнай. 1928 азы Михаил каст фæци Мæскуыйы Тимирязевы номыл хъæууонхæдзарадон Академм æмæ уый фæстæ куыста зоотех- никæй; 1934 азы куыста партийы Хуссар Ирыстоны обкомы хъæууон хæдзарады хайады гæсæй æмæ уый фæстæ азты та — хъæууонхæдзарадон техникумы директорæй. Стыр Фыдыбæютæйон хæст куы райдыдта, уæд Михаил ацыди йæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. «Немыцаг фа- шисттæ, советон адæмы еабыр цард фехæлдтой, фæлæ мах ре- волюцийы хæрзиуджытæ хъуамæ бахъахъхъæнæм». — Ахæм хъуыдытимæ тох кодта цыфыддæр знæгты ныхмæ. Активон хайад райста Михдал, Марухы æфцæгыД цы тох- тæ цыдис, уым. Уыдис полчы партион бюройы оекретарь æмæ батальоны командиры хæдивæг. Æвзыгьд æмæ æнæзивæг кæй уыдис, йæ хæстон хæетæ рæстæгыл æмæ дырысæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй йæ бирæ бауарзтой æмæ йып кад кодтой, кæимæ службæ кодта, уыдон. 1943 азы 23 июлы Плий’ы фырты . тыххæй политхайады хистæр, дæлбулкъои Ноженковы бардзырды фыст ис; «Æмб. Плийы фьирт Фыдыбæстæйон хæсты фронты, 123 мед- санбаты кусгæйæ, æппæт сæрмаголд сконды оæнгом кодта ко- мандæкæнынады хæстон бардзырдтæ сæххæст кæныны хъуыд- дагæн. Зымæгон, хæххон быиæтты, карз тохты рæстæджы æмб. Плийы фырт æппынæдзух æххуыс кодта цæф хæстонтæн, сæр- магонд сконды æмæ цæрджыты мобилизаци кодта эвакуаци кæнынмæ. Æмб. Плийы фырт бынæттон партион æмæ хицауады’ фæрцы амал кодта хъæуæг продукттæ, цæрджыты мобилп- заци кæнгæйæ, цæф хæстонтæ æмæ командирты ифтонг кодта хъарм бынæттæй >æмæ 1сæ рæстæгыл эвакуаци кодта 12-гай ки- лсмегрты дæрддзæгмæ. Цæф хæСтонтæ’н систематикон æгъдауæй уадзы беседæтæ, зæрдиагæй сæм йæ хъус дары. Райгуырæн бæстæйы сæрыл тохгæнгæйæ, йæхи равдыста æвзыгъд æмæ æхсарджын политкъухдариуæггæнæгæй. Аккаг у райса хицауадон хорзæх «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххамЪ майдан. 1945 азы 16 апрелы капитан Плиты М’ихаилы хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй 60 армийы командæгæнæг инæлар- булк7>он Курочкин фыста: 1 546
«Æмб. Плийы фырт, батальоны командиры хæдивæгæй кус- гæйæ, йæхи равдыста ахуыргонд æмæ культурон афицерæй, уый у хæларзæрдæ>æмбал. Хæстон архайдтыты рæстæджы кæд æфсæддоп хæйттæ цалдæр раны уыдысты, уæддæр политмаосон куыст афтæ сор1 гализаци кодта æмæ цæф хæстонты æмæ сæрмагонд сконды ифтонг кодта ног газ^еттæ æмæ политииформацийæ. Æмб. Пли- йы фырт коммунистты идейон æмвæзад бæрзонд сæвæ^рдта æмæ æппæт ортанизацийы смобилизащи- кодта командæкæнынады хæстæ сæххæсткæньшмæ, уый фæрцы ифтонг æрцыд дæф хæс- тонтæн баххуыскæныны хъуыддаг. Æмб. Плийы фырты хъæп- пæр;исон куысты фæрцы батальоны æппæт хæстонтæ зæрдæ æмæ зондæй æнувыд сты Ленины партийыл. Цыфæнды зындзинæд- тæм нæ кæсгæйæ, æмб. Плийы фырт æхсæвæй, бошæй уыдис; цæф хæстонты æмæ афицерты ’хсæн, аудыдта сыл æмæ сын æх- хæст кодта сæ домындзинæдтæ. Цæф хæстонты эвакуаци кæнын æмæ райсыны хъуыддаджы æппынæдзух дохтырæн æххуыс код- та, адæмы мобилизаци кæигæйæ, ’уыцы хъуыддаджы сьш бах- хуыс кæ’нгæйæ. Æмб. Пл;ийы фыртæн стыр авторитет ис цæф хæстонты æмæ сæрмагонд сконды ’хсæн». 1945 азы 21 аррелы 60 армийы командæгæнæджы бар- дзырды фы€т ис: «Советон Социалистон Республикæты Цæди- сы Сæйраг Советы Презвдиумы аомæа фронты немыцаг ты- хæйисджыты ныхмæ тохы командæкæиынады хæстон хæстæ хорз кæй сæххæст кодта æмæ йæхæдæг æхсар æмæ хъæбатыр-^ дзинад кæй равдыста, уый тых’хæй хорзæхджын кæиын: «Фы- дыбæстæйон хæсты» II къæпхæны орденæн Пластунскы- 9-æм Сырхтырысаджьш дивизийы 123 хицæн медико-санитарон по- литхайы батальоны комавдиры хæдивæг капитан Плиты Ми- хаил Михаилы фырты. 1945 |азы 20 майы та ногæй кæсæм: «Æмб. Плийы фырт Фыдыбæстæйон хæсты ’хайад 1исы 1942 азы декабры мæйæ. Политхайы хицæн медико-санитарон батальоыы комаадиры хæдивæгæй кусгæйæ, æмб. Плийы фырт рынчын ^æмæ цæф хæс- тонтæ æ,мæ аф!ицерты сдзæбæх кæиыны хъуыддагмæ йæ хъус тынг хорз дардта. Дивизи размæбырсæн тохтæ куы арæзтаг уæд уыцьг рæстæДжы стыр (куыст бакодта цæф хæстонты эва- куацй кæныны æмæ æрбæстон кæныны, æмæ уый фæстиуæгæн цæфты мæлындзинад фæкъаддæри. Стыр партион-политикон куыст кæны батальоны сæрмагонд сконды æмæ цæф хæстонты ’хсæн, батальоны сарæзта стыр парторганизаци, уый укомаидирæн хорз æххуысгæнæг йæ куыс- ты мидæг. 1945 азы 21 май. Архайæг æфсзд. 60 армийы æфсæдтыл командæгæнг инæлар-булкъон Курочкины бардзырд кæсæм: .547
«Советон Социалистон Республикæты Цæдисы Сæйраг Со^ веты Президиумы номæй фронты немыцаг тыхæйисджытимæ тохы командæкæнынады хæстон хæетæ хорз кæй сæххæст код- та, æхсар æмæ хъæбатырдзинад кæй равдьюта, уый тыххæй хорзæхджын кæнын: «Сырх Стъалыйы» орденæй Пластунскы 9-æм Сырхтырысаджын дивизийы 123 медико-санитарон бата- льоны ^командиры хæдивæг капитан Плиты Михаил Михаилы фырты». Уыцы ордены фæстæ ма Плийы фырт йæ хæстон егуыхт- дзинæдты тыххæй райста дыууæ майданы æмæ бузныгдзииады грфæйы гæххæттытæ. Плиты Михаил фæсхæст æрыздæхтис йæ райгуырæн Ирыс- тонмæ æмæ суанг 1960 азьконг фæкуыста Хуссар Ирыстоиы хъæууап хæдзарады Управлекийы зоотехникæй. Плийы фырт у персоналон пенсионер, фæлæ зынгзæрдæ революционер æнцад бадын 1нæ уарзы. «Мæ зонынад нæ хæлæг кæнын рæзгæ фæшвæдæи, адæмæн»,—>афтæ фæзæгъы Михаил æмæ уымæ гæсгæ йæ куыст вæ уадзы ныр дæр. Ныртæккæ ку- сы ахуырг,æнджыты дæсныйад фæбæрзонддæр кæныны Инстигу- ты Хуссар Ирыстоны фшшалы методикон кабинеты гæсæй. Со- ветан хицауадыл 50 азы сæххæсты -сæрапдонд 1967 азы рагон революционертæ, хæсты ветерантæ æмæ партиои кусджытæ ССРЦ Сæйраг Советы Президиумы Указæй хорзæхджын æр- цыдысты ордентæ æмæ майдантæй. Уйдон нымæцы уыдис Пли- ты Михаил дæр,. уый хорзæхджын æрцыдис «Хæстон Сырх Ты- рысайы» орденæй. Партаон, фæскомцæдисон æмæ пионерон оргаеизацитæ Плиты Михаилы арæх фæхонынц митингтæм, æмбырдтæм æмæ, трибунæйы ныхасы ралæугæйæ, адæммæ, уæлдайдæр та рæзгæ фæ’сивæдмæ фæкæсы мидбылхудгæ, йæ зæрдæ сæ райы, хъæлдзæг æмæ амондджын чдуджы кæй цæрынц, уый тыххæй. «Нæ тох дзæгъæлы ’нæ фæци, уæ цард дзæбæх у, хорз фæн- дагыл лæуд -стут, коммунизм саразьш уæ хъуыддаг у ныр, мæ хуртæ», — афтæ фæдзуры Михаил фæсивæдæн, æрыгон пио- нертæн. ?48
Дзигойты Георги ТУГКАЛД ДЗÆГЪÆЛЫ НÆ УЫД... Хуссар Ирыстоны канд Додоты нæ, фæлæ* сыхаг хъæуты дæр хорз зыдтой Плиты Томайы мæдзарвæндаджы. Фондзлæп- пуйы æмæ иу чызг хъомыл кодтой йæ хæдзары. Æмæ сæ иуæй иннæ уыд æгъдауджындæр, (æмбаргæдæр. Сæ конд, ,сæ уындæй адæймаджы зæрдæ рухс кодта. Кусынмæ куыд рæвдз уыдысты, ууыл та адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Уæлдайдæр астæуккаг лæп- пу Григолыл. Уый-,иу йæ къамбецтыл хъæдæй >цы бæлас æрлас- та, уый -сæ|рты адæймаг зынтæй хызтис. Тома æмæ йе ’мкъай Марияйы бæллиц уыдис сæ хъæбулты схъомыл кæнын, уыдонæн цард, ахуырмæ уæрæя фæндаг радтьы. Зæнæджы хистæр Ясон бирæ уарзта бастдзинады куыст. Чысыл лæппу-иу æндахæн йæ дыууæ кæрон афтид опичкæйы къоппы- '1æм аф’идар кодта æмæ-иу дзы йе ’мцахъхъæнтимæ цыдæртæ ныхас кодта. Серги æмæ Къолайæн та сæ уд, сæ дзæцц уыдис ахуыргæнæджы куыст. Скъолайыма куы ахуыр кодтой, уæддæр- иу сыхы сывæллæтты рамбырд кодтой, уынджы-иу сæ хъæдтыл, йе та дуртыл абадъгн кодтой, фæлтæрд ахуыргæнджытау- иу сæ разы æрлæууыдысты æмæ-иу сын абетæ амыдтой. Григолы сæйра(г хъуыды та уыдис ахæм: хæдзарыдзаг би- нонтæй кæсæм нæ ныййарджытæм, мыййаг не схъомыл кæ- ныны хъуыддаджы уыдол куы фæтыхсой, фæлтау æз мæ ахуыр ныууадзон æмæ ;сын æххуыс кæнон, цæмæй царды бæрзæндтæм ахизæм æнцондæрæй. Афтæмæй> Григол къаннæгæй райдыдта йæ фыд Томаим.о кусын. Колхозонтæй йæ разæй искæй ауагътаид? Алы бон дæр æххæсг кодта дыууæ нормæйы. Бонæгмбонмæ рухс кодта ныййарджыты зæрдæ сæ зæнæгай, Ясон каст фæцис Тбилисы бастдзинады скъола. Серги æмæ Къолайæн дæр сæххæст сæ бæллиц. Цхинвалы педагогон иисти- тут дентыстджынæй каст фæугæйæ, райдыдтой ахуыргæнджы- 549:
ПЛИТЫ ЦЫППАР ’ÆФСЫМÆРЫ 1 КЪОЛА СЕРГИ ГРИГОЛ ИЛУША 550
тæй кусын. Серги куыста Зары астæуккаг скъолайы директорæй. Уырдыгæй йæ ракодтой партийы Цхинвалы райкоммæ. Къола та куыста Знауыры районы Уактъанайы хъæуы астæуккаг скъо- лайы ахуыргæна&гæй. Æвзонг ахуыргæнджытæ æрмæст сæ ахуыргæнинæгтæн нæ, фæлæ ма уыдон ныййарджытæл дæр бауарзын кодтой сæхи. Ясон куыддæр бастдзинады скъола каст фæцис, афтæ’ кусын райдыдта: фыодаг —Тбилисы, стæй— Хуссар Ирыстоны бастдзинады къанторы техникæй. Григол та колхозæй йæ къах никуыдæмуал а&æрдта, алкæмæн дæр уыд цæвиттойнаг. Афтæмæй Тома æмæ Марияйы’ зæнæгæи алчи дæр царды. рохтыл фидар ныххæцыдис æмæ цыдис’размæ. Чындзæхсæвтаз сара\х сты сæ хæдзары. Бинонты хъуыддаг бакодта Ясон, стæп та Серги æмæ Григол. Фопдз æфсымæры иунæг хо Нуца дæр йæ амонд ссардта. - . • ТомайЫ кæстæр æфсымæр Илушæ æфсымæрты, бшюнты. æмæ æфсымæрты зæнæджы уарзон уыдис. Бирæ азты фæкуыста Зары хъæусоветы сæрдарæй. Куыста Додоты колхозы лтравлени- йы сæрдарæй дæр. Стыр тых бахардз кодта колхозон арæзтады рæстæджы. * * З’ Уыцы бон Томайы зæнæг иууылдæр сæ райгуырæн хъæумæ «гфцы,дысты. Тома йе ’фсымæртæ æмæ йæ хъæбултимæ адджын фьшг равæрдта. Сыхы лæгтæй дæр ма кæмæдæрты фæдзырдтон. Тома Къолайæн хъуамæ бакæна бинонты хъуыддаг. Хæдзаруынджытæ бинонты хъæлдзæг æмæ адджын цардмæ куы бакастысты, уæд уæлдай ницыуал загътой. Сæ зæрдæ рухс кодта, ’фыццаджыдæр, се сиахсаг, уæйыджы хуызæн ,'лæппу Къолайæ, иннæмаей та — йæ ныййарджытæ, йе ’фсымæртæ æмæ йæ фыды ,'фсымæртæй. Хъуыддаг ахицæн. К/ьола йæ мидбыл бахудтис. Йæ удæп фылдæр цы чщзджы уарзта, æргом ныхас кæнын кæр тыххæн нæ фæрæзта, уый сæраппонд ныр ныййарджытæ дыууæрдыгаы сæ ныхас кæй балхынцъ кодтой, ууыл кодта æнæкæрон стыр цин. йæ цæстытыл-иу ауадис хурæнгас, æмбаргæ чызг Аминæт. Анымадта, нысанхæссæп бонмæ ма цас хъуыдис, уый дæр. йæ нæстытыл уадысты, ныййарджытæ дыууæрдыгæй дæр куыд рай- гонд уыдзы’сты сæ хъæбултæй, сæхи куыд рæвдз кæндзысты стыр чындзæхсæвтæ скæнынмæ... Фæлæ... О, лæджы фæндтæ. О, æвзонг лашпуйы æхсидгæ зæрдæйы æнкъарæцтæ, кæуылты уыдыстут æмæ йæ сулæфын куыинæ бауагътат. Куыд æвиппайды ’фæбадтысты, йæ рæсуагьд фæндтæ,,цардыдыккаг хатт гуырынмæ чи хъавыд, уыцы бæл- ли’ццаг лæппуйы хъуыры. Цалдæр боны фæстæ райдыдта Фы- дыбæстæйы Стыр хæст. 551
Томайы æртæ фырты — Серги, Къола, Григол æмæ, уыдо- ны хуызæн цы кæстæр æфсымæры схъомыл кодта, уый — Илу- ша, — се ’пæт дæр хæсты цæхæрмæ фæфардæг сты. Ныййарджытæ æнхъæлмæ кастысты сæ зæрдæйы уидæгты фыстæджытæм, уыдоны æрцыдмæ. Сæ\зæрдæ уæлдай тынгдæр рыст К/ъолайы хъысмæтыл. Арф хъуыдыты-иу ацыдысты: «Хæст хæст у... Мыййаг, нæ чындзаг куырдуаты куы баззайа...» Фæлæ та-иу уæддæр €æхицæн ныф- сытæ авæрдтой: «Сау хъуыдыты коммæ кæсьш нæ хъæуьГ. Къо- лайы æрцыдмæ чындзæхсæвы кусæрттæгтæ схæсдзыстæ,м». Хъуыды кодтой се ’инæ хъæбултыл дæр. Уыдонæн сæ уды- гага уыдысты сæ чысыл хъæбултæ, уæлдайдæр Григолы чысыл лæлпу æмæ дыууæ чызджы. Ныфс æвæрдтой Сергийы дзидзи- дай чызгæй. Сæ хъæбултимæ иумæ æнхъæлмæ кастысты Илуша- йы фыстæгмæ дæр. Мария йæ хъæбулты мастæн нæ бафæрæзта. йæ фы(ртты æрцыдмæ ма иуцасдæр фенхъæлмæ каст, стæйфæзл- ан... Тома дæр æрæджы аМард. Мæнæ куыд фыста хæстæй Илуша йе ’мкъаймæ: «Зынаргъ Доличкæ, золын æй, тыхсдзынæ. Дыууæ æнахъом сабиимæ дæ ныууагътон, фæлæ дæ тыхсты фæраз. Хæст зьгндзинæдтæ алкæ- мæн дæр хæссы. Хæст тагъд .хъуамæ фæуа. Знаг фæстæмæ лн- дзы æгадæй. Уырысы зæххыл ары мæлæт. Уадзы сæдæ мингаи мæрдтæ, бирæ техникæ... Æз дæр дæм æрцæудзынæн... Мæ чы- сыл хъæбулты мьщ мацæуыл фæхъыг кæн. Мæ бæсты сæ дæ дæллагхъуыр акæн... Лæипутæй ницыуал хъусын. Афтæмæй сæ- амæйразмæ алкæмæй дæр арæх истон фыстæг. Куыд у хабар? Нæхимæ дæр сæ ницы хъуысы? Мæ зæрдæ æдзух семæ дзуры...» Ахæм фыстæджытæ ма фыстой Серги, Григол æмæ Къола дæр. Фæлæ ныфсæвæрæн фыстæджытæ, фæззыгон бæласы сыф- тæртау, бонæй-бонмæ цъусдæр кодтой ,æмæ фæстагмæ иууыд- дæр сæ фæд байсæфт. Плиты дылпар æфсымæры ту>гкалд уæгъды нæ фæцис. Зпаг кæронмæ дæрæнгонд æрцыд. Ныртæккæ Илуша, Серги æмæ Гри- голæ’н сæ сабитæ байрæзтысты, Советон Х1ицауады фæрцы <схъо- мыл сты æ>мæ ныр рæхæдæг систы бинонты дарæг. Уыдон лæ.г-, гад кæнынц нæ Райгуырæн бæстæйæн, нæ адæмæн. Уæлахиздзи- нæдтимæ сæмбæлдысты Стыр Октябры кадджын 50 азы бæрæ! • ’боныл. Илушайы фырттæй х’истæр, Сосо, цæры æмæ кусы горæг Цхинвалы. Ис ьин чызг æмæ лæппу. Кæстæр — Юрик та ’кусы Цæгат Ирыстоны Министрты Советы цур Паддзахадон Æдас- дзинады хъахъхъæньшы комитеты. Уыма^н дæр ис дыууæ лаш- ’пуйы. 552
Сергийы чызг Венерæ цæры горæт Орджоникидзейы, æнты- стджынæй каст фæцис медицинон институт æмæ кусы дохтырæь’. Фæсте нæ баззадысты Григолы зæнæ(г дæр: йæ лæппу Пав- лик ивгъуыд аз æрыздæхтис Советон Æфсады рæ>нхъытæй. Ныр- тæккæ кусы электрикæй, æркодта бинонтæ, ис ын сывæллон. цæры горæт Цхинвалы.
Дзцццаты Дымитр ОТСТАВКÆЙЫ МАЙОР 1944 аз< Декабры сур уазæлттæ цъыччытæ ^кодтой русты æх- сæрфæрстæ. Стонг бирæгътау ниудта уадтымыгъ. Бæстыцъар иæ сæрыл иста хæцæигæрзты унæргъын. Карз тохтæ сцырын сты Будапештмæ бацæуæнты. 116 гвардион дивизийы æ,хсæгполчы .агитатор-лропагандисг Пухаты Илья иу взводимæ ахызт Дунайы цæугæдоныл. Ба- цахста плацдарм æмæ дæрæн кæньин райдыдта знаджы дæл- хæйтты. Иугæр.пемыц тыхтæ сæхимæ куы аздæхтой, уæд сш полчы иннæ хæйттæн дæр фадат фæцис цæугæдоны иннæ фарс- мæ ахизынæн æмæ скуынæг кодтой тыхæйисджыгы, байстай сын сæ хæцæнгæрзтæ. Ссæрибар кодтой горæт Пакшы æмæ абырстой размæ. Уый тыххæй Ильяйы схо^рзæхджын кодтой «Сырх Стъа- лыйы» о^рденæй. Илья Хуссар Ирыстоны педапогон институт каст фæцис 1935 азы æмæ кусын райдыдта партийы Цхинвалы горкомы партка-. бинеты лекторæй. Каст лекцитæ нæ горæты цæрджытæн партп- йы истори, Стыр Октябры революци, хъæууонхæдзарадон кол- лективизаци æмæ бирæ æндæр фарстыты фæдыл. Адаем ын зæр- диагæй хъуыстой йæ лекцитæм. Мæнæ та Илья ныр дæр лæууы иу стъолы фарсмæ партка- бинеты. Райдзаст зал йемыдзаг у адæмæй. Бадынц сабыр æмæ æдзынæгæй хъусынц сæ лектормæ. Иннæ бонты хъауджыдæр, Илья абон дзуры сындæгдæр, æнкъард хъæлæсæй. — Гадзрахатæй ныл разылдысты нем-ыцаг фашисттæ. Мæн- гардæй æрбабырстой нæ бæстæмæ. Куьинæг кæнынц, цæуыл æм- бæ^ьтнн, æппæт уыдон. Марынц зæрæдты, сабиты. Кусынхъом- 554
ты ласыиц Германмæ æмяз сæ кусыц кæньшц сæхицæп. Знаг æгъатыр разынд... — дзуры лектор. Иуахæмы та Илья лекци бакаст мобилизационшункты. Хæ- дзармæ куы ’рцыд, уæд фæлладбадт æркодта бандоиыл. Алгъуы- зон хъуыдытæ йæ сæ уæлныхты систой... Знаг арфæй-арфдæр быры нæ бæстæмæ. Ам дæр, фæлæ... Цæуын хъæуы фронтмæ. Баххуыс кæнын хъæуы Райгуырæн бæстæйæц ныхасæй «æм’æ ар- мæй дæр. Армæй... æнæмæнгдæр. Илья сфæнд кодта æфсадмæ ацæуын, фаш-истты’ ныхмæ хæцæнгарз райсын. 1941 аз, 25 август. Хур йæ зынг цæстытæ ныццавта зæхма\ Бæста* сыгъд тæвды. * Сигънагъы райои. Ам цæттæ кодтой 46 армийы 394 дивизи-, йы. Ацы Дивизийы 956 артиллерион полчы организацигонд цы хæйттæ ’рцыдысты, уыдои æмбырдæй бадыиц /иу бæласы аууон. Сæ разы лæууы бæрзондгомау, æлвæст, сырхуадул лæппу-лæг капитаны чины. Ныхас кæньт хæсты хабæрттыл, фронты уавæ- рыл. Уый уыд полчы инструктор-пропагандист Пухаты Илья Григолы фырт. 1942 азы сæрды немыцаг тыхæйисджытæ сæ быцъьшæг тыд- той Кубаны быдыртæм. Сау денджызæй стыр тас уыд десанттæ æрбакалыпæй æмæ Фæскавказы дыууæрдыгæй иыццæвынæй. Карзæй-карздæр кодта хæсты уавæр Фæскавказы. Зын раиртасæн пæ уыдысты знаджы æбуал1ъ фæндтæ. 956 аритллерион полчы хæйттæ равæрд æрцыдысты Сау денджы- зы хъахъхъæдады позициты. Фыццаг дивизион хъахъхъæдта Сау денджызы былыл Гудауты районы, дыккаг — Кингийы хьæуы æмæ æртыккаг ,та— Очамчирийы æфсашвæпдагон стан- цы -район. , - 1 Фæстæдæр тыхæйисджыты/сæрмагонд хæххон ’ æфсæддон хæйттæ Марух æмæ Клухоры æфцджыты рахизæнтæ байсьшы фæнд куы скодтой, уæд 956 полкæн бардзырд лæвæрд æрцыд хæхкон æхсæг дивизион са’ра’зын æмæ’йæМарухмæ арвитыны тых- хæй. Уайтагъд арæзт æрцыд ахæм дивизион æмæ Пухайы фырт уыцы дивизиолимæ ацыд, Кавказы хохрахизæнты знаджы ныхмæ чи тох кодта, уыцы 810 æмæ 815 æхсæг подкэад æххуыс- мæ. Рæстмæ фæндаг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ полк сыхæлдтон сæ сармадзантæ, ’хайгай сæ сæвæрдтой бæхтыл æмæ араст сты Клухормæ, Цæуын сæ хъуыд Дранда — Сухум — Захаровкæ — , Псхуйыл. Куыддæр Захаровкæмæ схæццæ сгы, афтæ сыл æм- бæлдысты цæф æфсæддонтæ. Уыдонæй базыдтой фронты уавæр, а\мæ полчы позицитæм куы балæццæ сты, уæд сæ дивизионы тыхтæ равæрдтой сусæг бынæтты. Цъус рæстæг ма æмæ уыцы дынджыр сармадзантæ æмхуы- зон ныннæрыдысты. Салдæттæ зæрдæйы фæндиаг -сулæфыды- сты. Фырцинæй-иу сæ акъоппытæй фæгæшштæ кодтой, сæ худ- тæ-иу хæрдмæ зотпæрстой. 555
Марухы æфцæгмæ 956 артиллерион полчы^баидыд стыр ныфс боуагъта нæ хæстонтæм æмæ мæлæтдзаг тох кодтой æппæлой фашистты ныхмæ. Тынгæй-тынгдæр кодта нæ сармадзанты æмæ ьæмыгзгъалты æмæхст. Нæрыдысты хæхтæ æмæ кæмттæ. Топпыхосы фæздæг «ньиббадт кæмтты. Фæсусæй-фæсусдæр кодтой знаджы æхсæн тæппытæ. Тыхæйисджытæ иу иннæйы фæдыл уа- гътой сæ позицитæ. Немыцаг хæххон дивизийы æппауюй комап- дир инæлар Губерт Ланц Марух æмæ Клухоры æфцджытыл æм- бойны бæргæ хъавыд Сау денджызмæ рахизыныл. Фæлæ йын дзы ницы рауад. йæ сæр йæ кой фæци. Илья цы дивиз’ионы уыд, уыцы дивизионы фæндзæм батарей бынтондæр асыгъдæг «одта Марухы хохрахизæн <ныхмæлæу- джытæй. Пухайы фырт немыцæгты фæ,стæмæ удаистæй лидзгæ куы федта, уæд йæ цин нал баурæдта æмæ иронау фæхъæр код- та: «Нæннæ, куыдзы фырттæ, ма алидзут, кæд уæ яæ фæ’нды, уæд». Раст уыцы рæстæджы йæ хъустыл ауад ирон ныхас: «Уый чидæ, чи, цы дæ æрхаста ацы -сæрсæфæнмæ?» Илья цæхгæр фæ- зылд фæстæмæ, йæ разы лæууыд бæзæрхыг, дæргъдзæсгом лæг. ’— Уый Тотыр куы дæ, нæхи Тотыр! —Бæгуы æхсызгон сын уыд кæрæдзи фенд. Бирæ фæцин кодтой сæ фембæлдыл. 1942 азы фæззæджы Пæррæстаты Федыр (Тотыр) дæр ха- йад иста Марух æмæ Клухоры æфцджытыл тохты. Хæхтæм фæндæгтæ кæд тынг æвзæр уыдысты, уæдæр майор Федыры батальон амал кодта бæхтæ, хæрджытæ æмæ уыдоныл хастой хæлц, дарæс, хæстон æрмæджы^гæ æмæ ифтонг кодтон фронты. Ланцы егертæ иугæр сæ бон куы Æазыдтой, уæд сæхи исын райдыдтой Кавказы æфцджытæй. 394 дивизийы командæгæнæг инæлар-лейтенант Леселидзейы 0 барДзырдмæ гæсгæ Марух, Клухор’ æмæ иннæ æфцджытыл тохты хайадисæг полктæ ахыз- тысты Сухум — Гагра — Адлер — Соча — Туагссейыл æмæ дæ- рæнгæнгæ сырдтой ’немыца-г тыхæйисджыты. Пухаты Илья дæр йæ дивизионимæ ахызт Туапсейы æфцæгыл æмæ активон хайад райста знæгтæй бирæ горæттæ, стаяидæтæ æмæ .хъæутæ ссæри- бар кæныныл тохгы, уыдон нымæц Горячий Ключ, Северская, Хломская, Ахтирская, Абинская æмæ æндæртæ. Фæстаг хатт Илья уыд цьиппæрæм гвардион армийы Черп<ас- скы уæлдæфон-десантон 7-æм -гвардион дивизийы политхайы агитатор. Ацы армийы æфсæддо’Н хæйттимæуый бахæццæ суанг Аестрийы арæнтæм. Пухайы фырт иу æмæ дыууæ хатты нæ бахауд зындзинæд-, ты, карз тохты, знæгты æрхъулайы, фæцис цæфтæ дæр, уæззау рьшчьштæ, хуыссыд госпиталы дæр. Фæлæ-иу уыцы зы,н уавæр- тæй раирвæзт йæ хъару æмæ хæстон арæхстдзинады фæрцы. Иуахæмы та Илья цы полчы уыд, уы,й хæстонтæ карз то- хы, бацыдысты Дунайы цæугæдоны был. Немыцаг тыхæйисджы- 556
тæ се ’шпæт тыхтæ сарæзтой, Дунайы сæрты ды стыр хид уыд, уый ньшпырх кæнынмæ. Сæ фæнд уыд, цæмæй хид фехæлдтаиы- кой æмæ не ’фсæддонтæн ахизæн мауал уыдаид йæ сæрты. Ацы ,\ид бахъахъхъæнын æм,æ горæтВенæ знаджы къухты ма бафты- ны 'Сæрыл тохты тынг хъæбатырдзинад æмæ арæхстдзинад рав- дыстой полчы (Командæгæнæг булкъон Зверев æмæ гвардийы капитан Пухаты Илья. Уыдон фæрцы хид баззад æнæхъаш æмæ йыл не ’фсæддон хæйттæ аÆырстой размæ. Венæмæ бацæуæнгæ æмæ уый сисыныл тохты 16-æм мартæй 13-æм апрелмæ не ’фсæд- тæ ныддæрæн кодтой немыцæгты цалдæр танкæйон дивизи- йы. Уацары ракодтой ныхмæлæууæджы 130 мин салдат æмæ афицерæй фылдæр. Байстой 1345 таадк æмæ хæдтулгæсармадза- ны, бирæ техникæ æмæ алыгъуызон хæцæнгæрзтæ. Уыцы карз тохты кæй фесгуыхтысты, уый тыххæй не ’фсæд- доитæ æмæ командиртæй бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты ор- дентæ æмæ медалтæн, Уыцы нымæцы гсолчы командæгæнæг Зве- ревæн лæвæрд æрцыд Ооветон Цæдисы Хъайтары .ном, Пухайы фыртæн та æмгъуыдæй раздæр радтой гвардийы майоры ном æыæ йæ схорзæхджын кодтой Фыдыбæстæйон хæсты дыкжаг ьъæлхæны орденæй. Стыр æмæ вазыгджын у Пуха.йы фырты хæстон фæндаг. Уый, фронты раззаг хаххыл уæвгæйæ, æдзух разамынд кодта полчы, ротæты агитатортæн. Карз размæбы-рсты вазыгджьш уа- вæрты бирæ докладтæ æмæ бесе|Дæтæ ауагъта аф:ицертæ æмæ æвзонг коммунистты ’хсæн. йæ аив дзырд æмæ хи цæвиттонæн разæнгард кодта ’хæстонты знагыл тагъддæр фæуæлахизмæ. Хæст фæуыны фæстæ дæр Илья нæ ныууагъдта йе ’фсæддон службæ, дарддæр куыста æфсады. йæ райгуырæн Ирыстонмæ *ьфыздæхт æрмæстдæр 1946 азы. Йемæ æрхаста хæстон ордентæ, медæлттæ æмæ арфæйы гæххæттытæ. Æфсадæй æрыздæхыны фæстæ Пухаты Илья бирæ фæкуы- ста Гуырдзыстоны КП Хуссар Ирыстоны обкомы, Квайсайыпар- <тион бюройы секретарæй, партийы Дзауы райкюмы æмæ Цхин- валы горжомы секретарæй, Цхинвалы горæххæсткомы сæрдары хæдивæгæй. Аст азы бæрц фæкуыста Хуссар Ирыстоны главли- ты хистæрæй æмæ ныр та кусы рауагъдад «Ирыстоны» сæргъ- лæууæгæ’й.
Багаты Барис НОГÆЙ ТА - ХЪЫРЫМЫ 1943 аз; Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæззау аз. Советон Æфсады хæстонтæй «æ рох кæнынц, гитлерон фашистты ных- мæ карз тахты цы фидардзипад равдыстой, цы удуæлдай фæл- варæнтæн бафæрæзтой, уыдон. Æрыгон, хæдæфсарм гуырдзиаг лæппу Пвуричъамиашвили Вахтаиджы хæст æрыййæфта горæт Запорожьейы. йæ фæндтæ, йæ бæллицтæй йæ фыдæнхъæл фæкодта, нæ йын бантыст æртæ азы æфсæддон службæйы фæстæ йæ райгуырæн хъæу Броцълет- мæ (Гуры район) æрыздæхын. Знаджы ныхмæ тугкалæн хæсты Вахтанг кæддæриддæр ды- дис размæ, æвдыста хъæ'батырдзииад,нæ фегад кодта фæском* цæдисопы а<аддл<ын ном. Æнцон пæ уыд уыцы тохы дæсгай салдæтты хъысмæты тыххæй дзуап,п дæттын, уыдон хæстон ’ар- хайдæн арæхстджьш разамынд кæиын. Фæлæ æрыгон сержант- мæ разындис уыцы хъару. Цыдысты бонтæ, æгъуыссæг æхсæвтæ... Æрлæууыдис 1943 аз. Фæззæг. Сеытябрь. Ацы мæй-иу кæддæр Вахтангйе’’мхъæук- каг лæппутæ æмæ чызджытимæ згъордта скъоламæ, акуыр к<одта. Ныр йæ цæстытыл уайылц йæ кълас, йæ ахуыргæнджы- тæ/йе ’мбæлттæ... Æмæ та йæ дæндæгты хъыррыстмæ, цыма фынæйæ фехъал вæййы, уыйау феггуырсы йæхимидæг, йæ маст тынгдæр 'Сыхсиды, йæ зæрдæ йæм дзуры: «æ цардхалæг знаджы ных,мæ трх кæн фæстаг туджы ’ртахы онг. Æмæ Вахтанг кæддæриддæр æххæст кодта йæ зæрдæйы фæндон, хъуыддадл<ы мидæг сбæлвырд кодта, йæ бæстæ, йæ акæмыл кæронмæ æнувыд кæй у, уый. 558
...Фистааг æфсад. Авиацп. Ногæй та фистæг æфсад. Лхæм уыд йе ’фсæддон службæйы фæндаг Пъуричъамиашвилийæн. Уæлдæфы дæр æмæ сур зæххыл дæр ныфсхаст хæстон -намыс- джынæй æххæст кодта йæ хæс. Бирæ эпизодтæ дзы нæ рох кæ~ нъшц ныр дæр, 20 азæй фылдæры фæстæ. Æмае цæрæнбонтæм та йæ зæрдыл лæудзæи уыцы фæззæг, сентябры мæй. ...Керчь. Ацы горæты 1943^азыцы карз тохтæ цыдис, уыдон алкæмæн дæр зындгонд сты. Йæ зæрдæ сæ цъæх у Вахтангæн дæр, фæлæ уæддæр сæ кой ’кæны. Уымæн æмæ йæ абон, Уæлахи- зы бон, йæ хъуыд&тæ сæ базыртыл сисынц æмæ йæ хæссынц, кæм тох кодта, йæ тугæй зæхх сырххъулон кæм уыд, уыцы бы- нæттæм. — 1943 азы сентябры нæ æрбадын кодтой Керчы. Бахауд- там знаджы, æрхъулайы. Карз, тугкалæн тохты. фæстæ нын æх- сæвы тары тыхамæлттæй бантыст мæ дæлбар 30 хæстонимæ хъæдмæ аирвæзын, —зæгьы Вахтанг, — æмæ баиуыстæм, капн- тан Кузнецов кæмæи разамынд кодта, уыцы !партизантима\ Бри- гадæйæн командæгæнæг уыд Куликовский, ныр уый у стайаз- дзыд, цæры горæт Фео’досийы. Щртизанты отрядтæй сæ иуы ко- мандир Чачхиани дæр баззад удæгас. Ныртæккæ уын та цæры горæт Тбилисы. Æмæ канд уыдон нæ, фæлæ ма бирæ æндæр хæстоп æмбæлт- ты адрестæ ссардта Вахтаег. Бирæ фыстæджытæ исы нæ бæстæ- йы æндæр æмæ æндæр горæттæй, æндæр æмæ æпдæр нациты минæв,æрттæй, йæ х&стон æмбæлттæй. Фыссынц æм, куыд иу- уь^л æввахсдæр, иууыл æрдхорд’æмæ хæлардæр æмгармæ, афтæ. 1944 аз, Уалдзæг. Апрелы мæй. Æрдз куы райхъал вæййы, бæстæ дидинæг ’куы фесты, уæлдæф йæ диссаджы ароматæй .куы байдзаг вæййы, уыцы алæмæттаг рæстæг. Фæлæ Вахтанджы цæстытæ нæ уынынц уьщы рæсугъддзинад. йæ алфæмблайхьæд дызгъуымтæй лæууы, арт ыл суагътой фашистон лæгмартæ. Уæлдæф кæны топпыхосы тæф, арауы хурхы, сæртæ. — Уый уыд знаджы ны.хмæ мæ тохы фæстаг бон, — дзуры Ва’хтанг, арф, уæззау ныуулæфгæйæ. — Немыцаг тыхæйисджы- тæн <сæ бон нал бацис не ’фсады хъæбатьгр размæбырст бауро- >мын æмæ льггъдысты фæстæмæ. Махæн хæсгонд уыд, цæмæй сын сæ фæндаг æрæхгæдтаиккам. Уыцы тохы фæцæф дæн... Дарддæр зындзурæн уыд Вахтангæн, æмæ нæхицæн дæр æн: цон нæ уыд хынцфарст кæнын. Цæстæй цы уьгнай, уый ма фæр~ сьш дæр цæмæи хъæуы. Нæ разы бады хæдæфсарм адæймаг, знаджы æгъатыр нæмыг кæуыл сæмбæлд, тохы быдыры йæ ра- хис цонг чи ныууагъта, фæлæ царды зынтæй чи нæ фæтарст, уыцы раздæры хæстон-фæскомцæдисон, ныр та нæ кадджьгн Коммунистон партийы уæнг — сабырадон фæллойады салдат. Вахтанг æнтьгсгæйæ каст фæци Хуссар Ирыстоны паддзахадоя ледагогон институт, кусы, хъомыл кæны йе ’ртæ сывæллоны. 559
Иæ хпстæр фырт цалдæр азы фæстæ ацæудзæц Советон Æфса- ды рæнхъытæм æмæ уый Дæр, йæ фыдау, намысимæ æххæст кæндзæп йе ’вæджиаг хæс Райгуырæн бæстæйы раз. Æрæджы Пъуричъамиашвили Вахтанг райста фыстæг Хъы- рымæй. Копверты мидæг хуызджын ахорæнтæй рæсугъд фæлыст хæххæттыл фыст уыд: «Нæ хæлар партшан, зынаргъ æмбал В. Г. Пъуричъамиашвили! Хъырымы ттартизанты .секцийы бюро Дæуæн æмæ Дæ бинонтæн арфæ кæны 1 Майы бæрæгбон æмæ иемыцаг-фашистон оккупанттæй Хъырым ссæрибар кæныныл 20 гзы сæххæсты сæрашюнд. Фæнды пæ дæуæи фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ дæ куысты æмæ амопд хисæрмагонд царды. , Дæ би’нонтимæ дæ иумæ хонæм Хъырымы партизанты фазн- дзæм традицион фембæлдмæ горæт Симферополмæ 2 майы». Ахæм фыстæг уыцы бонты райста, Хъырымы партизанты рам!хъыты чи уыдис, уыдонæй алчи дæр. Уыдон æрæмбырд сты æмæ ныр фæндзæм хатт сæмбæлдысты кæрæдзийыл. Ногæй та сæ зæрдыл æрлæууыдысты хæсты бонтæ, ногæй та æрзылдысты, зиаджы ныхмæ ,кæм то/х кодтой, уыцы бынæтты. Ногæй та сæ зæрдæ бакæрзыдта, сæ хæстон æмбæлттæй чи фæмард, Райгуы- рæн бæстæйы сæрыл йæ сæр чи æрхаста, уыдон ингæнты уæл- хъус æдзынæг лæугæйæ. ’4 Уæгъды нæ фæцис сæ тугкалд. Сæ цард рауæлдай кодтон, " фæлæ сæ хай бахастой знагыл фæуæлахизы стыр хъуыддагма\ Раздæры 1па,ртизантæн æхсызго^н у, Керчь, Симферополь æмæ Хъырымы иннæ горæттæ æмæ’хъæутæ ногæй дидин кæй æфта- \ыпц æмæ та сæ цард, цæджджинагау, кæй æхсиды, уый. Пъуричъамиашвили Вахтанг дæр цин кæны. Ацы стыр >ъуыд^аджы ис йæ ныккалгæ ту)г, йæ ^рахиз цонджы тых дæр.
Харебаты М., Пухаты И. ÆНУВЫД АДÆЙМАГ Дзауаг Санахъоты Георги (Хепа) дæр йе ’мхъæуккæгтæй кицæмæй хицæн кодта: уый дæр, уыдонау, уыд зæххъуаг, мæ- гуыр. Зæнæгæй йæ хорз хай фæцис — фондз лæппуйы æмæ дыу- уæ чызджы. Фæлæ уыдон дарын хъуыд, адæмы рæгъмæ сæ ракæнын хъуыд. Цы йæ бон уыд æвадат ирон хæххон лæгæн æмæ щардагур фæцыд Калакмæ. Кусын райдыдта Фæскавка- зы æфсæнвæндаджы — райдианы уал фæндаг цалцæггæнæ- гæй, фæстæдæр та бæлццæттæласæн поезды проводникæй. Цы чысыл мызд иста, уый йын нæ фаг кодта йæ бирæ байзæтта- джы хъомыл кæнынæн: ахуыры тыххæй æхца фидын хъуыд, сьшæллæтты та ахуьгр кæнын фæндыд. Фæлæ уæддæр Георги, йæ къух æй куыд арæзта, афтæ архайдта йæ байзæттаджы раст фæндагыл ныллæууын кæныныл, адæм сæ райгонд куыд уыдаийкой, афтæ. Æмæ сæ хъомыл дæр хорз скодта Советон хицауады фæрцы. Йæ зæнæджы хистæр Григол (йе ’мбæлттæ æмæ йæ й<» зонгæтæ фырбуцæн Гри хонынц) 1916 азы каст фæцис горæт Караклисы (ныртæккæ хуыйны Кировокан) дыууæкъласон æф- сæнвæндагон’скъола æмæ æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. 1920 азы æвддæсаздзыд Гри дæр Хуссар Ирыстоны фæси- ^æдимæ иумæ ахызт Цæгат .Ирыстонмæ. Бацыд и>рон бригадæ- мæ æмæ суанг 1921 азы онг активон хайад иста Советон хица- уады фæуæлахизы сæраппонд тохтьт. 1923 азæй фæстæмæ 30 азы дæргъы службæ кодта Советон Гарзджып Тыхты, 1954 азы 36+ 561
булкъоны чины ацыд отставкæйы. Ныртæккæ цæры Тбилисы. Лæмбынæгдæр куы ’ркæсæм Грийы царды фæндагмæ, у&д рахатæн ис, ацы хæдæфсарм, уæздан æмæ æмгаруарзаг адæй- маджы цард йе '-мыдзаг; кæй у бирæ сгуыхтдзинæдтæй, Комму- нистоп парти æмæ советои адæмы ьхъуыддагыл æнувыддзина- дæй. Санахъоты Гри раджы бауарзта æфсæддон службæ. Суанг ма 1920 азы хæрзæрыгонæй Цæгат Кавказы ирон полчы куьх службæ кодта, урсгвардион бандæты ныхмæ тохы активон ха- йад куы’ иста, уæд сфæнд кодта æфсæддон куыстыл ныллæууын. Фæлæ 1921—22 азты рыпчын ахаста’ æмæ бар-æнæбары йе'•■ ’фсæддон хъуыддагæй фæиппæрд. Гъе, стæй йын фадат куы фæцис, уæд 1923 азы сæххæст йæ бæллиц — ахуыр кæнынмæ бацыд Кавказы Сырхтырысахæссæг æфсады Æфсæддон-полити- , кон скъоламæ. Скъола каст куы фæци, уæд 1927 азы кусын рап- * дыдта Тбилисы ирон ротæйы столитрукæй. Фæкуыста дзы 1933 азыуонг. { Гри кæддæриддæр йе ’фсæддон хæс æххæст кæнын нымад* та йæ царды сæйраг хъуыддагыл, алыран дæр бæрæг уыд йæ арæхстдзинад. Хæстон æмæ политикон ахуырты йын стыр æн- ,' тыстытæ кæй уыд, уымæ гæсгæ дзы райгонд уыд командæкæ-^ нынад. Раззагон командир кæй уыд, алы хъуыддаджы, дæр цæвиг- тон кæй æвдыста, уымæ гæсгæ 1933 азы æрвыст æрцыд Лени- ны номыл Æфсæддон-политикон Академимæ æмæ йæ 1937 азы каст фæцис иттæг хорз нысæнттимæ. Уый фæстæ куыста Фæс- кавказы Æфсæддон окруджы æндæр æмæ æндæр бæрнон бы- нæтты. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Санахъоты/ Гри куыста Харьковы Æфсæддон окруджы политуправленийы хистæры хæдивæгæй, ныллæууыд нæ Райгуырæн бæстæйы кад æмæ сæрибардзинад бахъахъхъæныны сæраппонд карз тохты фæндагыл. Знаджы ныхмæ карз тох кæнгæйæ, Гри дæр хайад райста Волгограды хæстон эпопеяйы. 1942 азы майы Гри пысан æрцыд Фæскавказы фроиты 46 армииы æфсæддон Советы уæнгæй. Зындгонд куыд у, афтæ- мæй 46 арми хъахъхъæдта Кавказы хохрахизæнтæ, стæй уæД Советон Цæдис æмæ Турчы ’хсæн арæнтæ — сур зæххыл Ба- тум, Ахалцих, Ахалкалак æмæ’ Богдановкæмæ, денджызы та — Сочийæ суанг Батумы онг. Фæскавказы фронты штаб æмæ командæкæнынадмæ уыд мæнæ ахæм хъуыды, зæгъгæ, Кавказы хохрахизæнтæ се ’рдзои скондмæ гæсгæ афтæ æвæрд сты, æмæ знагæн йæ бон нæ ба- уыдзæн сæ сæрты рахизын. Афтæмæй Кавказы æфцджытыл урæд æрцыд чысыл тыхтæ. Знаг бамбæрста ацы хабар æмæ уырдæм рарвыста, хорз хотыхджын, бæрзонд хæхты, сур уазяе- лтты тох кæныны фæлтæрддзиыад кæмæ уыд, ахæм альпинист- 562
ты отрядтæ. Уыдон байстой Клухор, Марух æмæ Санчаройы æфцджытæ æмæ иуæй-иу рæтты рахызтысты Кавказы хæхтьь хуссарварсмæ. Эльбрусы хохмæ хаастæг немыцаг дивизи «Эде- львейсы» хæйттæ бацахстой Чипер-Азау æмæ Хотю-Тау. Тас уыдис, знаг Сау денджызы донбылгæронмæ куы æрхæццæ уы- даид, уымæй... Уæд бакуыстæуыд æфцджытæ бахъахъхъæпыны пог пълан. Уыцы ног пълан аразыны аютивон архайæг уыд Гри дæр. Фæлæ’ кæ сæххæст к’æнын фæзындæр ахæм аххосæгтæм гæсгæ: хох- рахизæнтæм нæ уыд уæрдонвæндаг дæр, æфцджытыл нæ уыд, транспортон хæдтæхджытæ кæм хъуамæ æрбадтаиккой, ахæм* фæзуæттæ (ахæм бынат уыд æрмæст Санчаройы æфцæгыл). Уæргътæхæссæг транспорты хуызы пайдагæнæн уыд’ бæхтæ æмæ хæрджытæй, фæлæ æфсадмæ уыдон фаг нæ уыд. ’ 46 армийы æфсæддон Советы куырдиатмæ гæсгæ .п&ртийы Лбхазы обком æмæ республикæ’йы хицауад смобилизаци жод* той республикæйы цæрджыты æмæ уыдон æфцджытæм се ’ккой хастой æрмæджытæ, хæлц æмæ медикаменттæ. Ацы хъуыдда- джы пайда кодтой транспортæй дæр. Фæлæ дзы хæдтæхджы- тæн æрбадæн фæзуæттæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ-иу продукт- тæ, медикаменттæ æм,æ хæстон æрмæджытæ æппарын ба’хъуыд хæдтæхæгæй æмæ-иу сæ фылдæр хай фесæфт, кæиæ иыппырх. Стыр зындзинæдтæ æвзæрстой, æфцджытæ чи хъахъхъæдта, уыцы хæстонтæ, нæ сын уыд хæлц, уæлæдарæс, хатт-иу нæмы- гæй дæр сцух сты. Бирæтæ сæ фæрынчыи сты. Иууыл зын та уыд уæззау цæф æфсæддонты фæсчъылдыммæ ракæнын. Ахæм уæззау уавæрты-иу пе ’фсæДты бои цалдæр хатты бахъуыд ныхмæлæууæджы фæстæмæ аппарын, фæлæ-иу æй уæддæр раз- мæ нæ рауагътой. Æиæ фæндагæй тынг ’ кæй тыхстысты, уымæ гæсгæ 46-æм г»рмийы æфсæддон Совет сфæнд кодта йæхи хъаруйæ фæндаг саразын. Райдианы уал Захаровкæйы хъæуæй фæндаг аразын райдыдтой Чхалтайы хъæумæ, стæй та фæидаг арæзт хъуамæ æрцыдаид Клухор æмæ Марухы хохрахизæнтæм. Клухор æмæ Марух сты горæт Сухумæн цæгат хурыскæсæны ’рдыгæй 55—60 километры дæрддзæгæн. Фæндаг аразынмæ æрвысгæрцыдыс^ы фæндагараздег язфсæд- • дон хæйттæ, бынæттои цæрджытæ. Фæндагаразыны куыстытæм разамынд кодта Гри. 20—25 бонмæ Чхалтайы хъæумæ арæзтфæ- Дис фæндаг æмæ йыл æдæрсгæ цыдысты машинæтæ дæр. Æрæв- пæлдтой Марух æмæ Клухоры хохрахизæнтæм дæр фæндаг ара- зынмæ, фæлæ уæдмæ не ’фсад размæ абырста æмæ Кавказы -^фцджытæ фæстийæ аззадысты. Хæдæфсарм у Санахъойы фырт. Йæхи (сгуыхтдзинæдгы ^ой кæнын иæ уарзы. Мах дзы куы ракуырдтам, цæмæй ньиг радзырдтаид, Марухы æфцджытыл тохы цы куыст æххæст код- та, уый тыххæй цалдæр ныхасы зæгъын, уæд уый та æппæлын 563
райдыдта, Ирыстоны фæсивæдæй уым йæхи хъæбатырæй чк равдыста, уыдонæй æмæ нын радзырдта: «Марухы æфцджытыл знаджы ныхмæ тохы сæхи иттæг хорз равдыстой Ирыстоны минæвæрттæ. Се ’ппæт мæ зæрдыл нæ лæууынц, фæлæ дзыра- кæндзынæн иуæй-иуты кой. Пæррæстаты Тотыр уыд, æфцджыты чи фæлындзыдта,уыцы хæлцадон базæйы къамисар æмæ йæ хæстæ æххæст кодта на- мысджынæй, хорз кад ыи кодта командæкæнынад. Хъуылымбегты Гигуца куыста 46-æм армийы политхайады хистæры хæдивæгæй (фæсчъылдымы фадыджы) æмæ стыр ор- ганизаторон æмæ хъомыладон ’куыст кодта, иууыл активон ха- йад иста æфсæддон хæцтты, уæлдайдæр та, æфцджыты чи хъахъхъæдта, уыцы хæйтты материалой æгъдауæй фæлындзыкы хъуыддаджы. Хъуылымбеджы фырт йæхи равдыста принципиа- лон æмæ арæхстджын политикон разамындгæнæгæй. Бекъойты Ефим уыд хæдæфсарм, фæлæ ныфсджын адæц- маг, цыфæнды йын-иу бахæсчындæуыд, æнæмæнг-иу æй сæххæст йодта. Плиты Мишайæн уьщы рæстæджы йæ ахсæн рыст, фæлæ фæстæдæр никæмæй фæлæууыдаид. Санахъоты Матейы фырт Иван — рæнхъон связист. Ново- российскы цур тохы мард фæцис хъайтарон æгъдауæй. Уый уыд иууыл хъæбатырдæр хæстон. Бастдзинад-иу куы фехæлд, уæд-иу æй алыхатт дæрсарæзта рæстæгыл». Радзырдта нын Гуырдзыстоны намысджын фыртты хъæба- тырдзинады тыххæй дæр: «46-æм армийы командæгæнæг инæлар Леселидзе Къотъе уыд хæдæфсарм, фæлæ (хъ,æбатыр æмæ арæхстджын коман- дир. Уыдис æм хæсты фæлтæрддзинад. йæхæдæг-иу комкоммæ, у хайад иста хæстон операциты. Хæстон архайдтыты йæхæдæг - куыд хайад иста, уый сæраппонд æрхæсдзынæн ахæм цæвит- тон: Клухоры æфцæгæй иын фехъусын кодтой, зæ^гъгæ, немыцæгты ку стыр къорд Клухоры æфцæгæн хуссар хурькскæсæны ’рдыгæй рахызтысты хуссары ’рдæм æмæ тох кæньгнц мах хæйтты ных- мæ. Бардзырд радтам, цæмæй фарастæм æхсæг дивизийы иу лолк æрвыст æрцыдаид махуæттæн æххуыс кæнынмæ. Æз æмæ Леселидзе та ацыдыстæм, хæст кæм цыд, уырдæм. Æцæгдæр, мах хæйттæ тох кодтой немыцæгты ныхмæ. Уымæй дæр немы- цæгтæм уыд канд автоматтæ нæ, фæлæ минометтæ дæр. Лесе- лидзе йæхæдæг разамынд кæнын райдыдта хæстон операцитæн. Уæдмæ фарастæм æхсæг дивизи дæр æрбарвыста иу лолк æмæ знаг "дæрæн æрцыд. Иу цыбыр дзырдæй, 46-æм армийы коман- дæгæнæг инæлар Леселидзе. йæхæдæг тохы быдырмæ кæй æр- бацыд, уый хæстонты сразæнгард кодта хъазуатон тохмæ». Æмæ-иу зындгонд гуырдзиаг командæгæнæг тыхст заманы 1 Грийы йемæ кæй акодта, йæ рахиз цонгыл æй кæй нымадта, уый мыййаг æнæнхъæлæджы пæ уыд. Гри йæхæдæг дæр ^алы 564
хатт уыдис æфсæдты ’хсæн. Карз хæсты агъоммæ-иу Лесели- дзеимæ иумæ æнæбацæугæ нæ фæуыдаиккой, æфсæдтæ сæ фæл- лад кæм уагътой, кæнæ-иу знаджы ныббырсынмæ сæхи кæм цæттæ кодтой, уырдæм. Уыдон зыдтой тыхст заман алкæйы дæр схъæлдзæг кæнын, йе уæнгты йын ныфс «бауадзын, уæла- хизмæ йæ сразæнгард кæнын. Æмæ-иу алкæмæ дæр афтæ каст, цыма йын командиры ныхæстæ йæ тыхыл тых æфтауынц, йæ зондыл — зонд. Санахъоты Гри уыд курдиатджын командир. 1943 азы ию- ны 46 арми бацыд æртыккаг Украинаг фронты скондмæ. Гри уæддзэр куыста æфсæддон Советы уæнгæй æмæ алы тохты дæр æвдыста хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинады цæвиттон. фронты командæгæнæг армийы инæлар Р. Малиновский, Сана- хъойы фырты «Сырх Тырысайы» орденæй схорзæхджын кæнын- мæ куы бавдыста, уæд фыста: «Æмб. Санахъойы фырт, куыд армийы æфсæддон Советы уæнг, афтæ йæхи равдыста арæхст- джынæй. Иудадзыг хъомыладон куыст кæны хæстонтæ æмæ афицерты ’хсæн, кæд ацы æфсады ис бирæ адæмты минæвæрт- тæ, уæддæр Санахъойы фырпæн ’æнтысы уыдон æнгом кæнын æмæ сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ мобилизаци кæ- нын. йæхæдæг у ныфсджын æмæ хъæбатыр командир». 1945 азы райдиан Санахъойы фырт уыд И-аг Белорусаг ’фронты 70-æм армийы æфсæддон Советы’ уæнг. Ацы æфсадæн хæсгонд уыд, знагæн Данцигæй Одермæ цы æфсæдтæ уыд, уы- дон ныддæрæн кæнын. Раст у, уыцы рæстæджы хæст фæуын- хъус уыд, фæлæ ма уæддæр знаг тыхджын уыд, бирæ туг нык- калын хъуыд альгхъæу, алы горæт байсыныл дæр. Фæлæ70- æм армийы хæстонтæ, сæ командиртæ æмæ сæ политразамынд- гæаджыты къухдариуæджы бын, сæххæст кюдтой дыккаг Бело- русаг фронты командæгæнæг Согветон Цæдисы Маршал К. Ро* коссовскийы бардзырд. Æмæ уый та стыр ахъаз фæцис дык- каг Белррусаг фронты æфсæдты æнтысгæ размæбырстæн. Ко- мандæкæнынад иттæг райгондæй баззад Саиахъойы фырт^ей. Мæнæ цы фыстой дыккаг Белорусаг фронты командæгæ- нæг Советон Цæдисы Маршал К. Рокоссовский æмæ фронты а^фсæддон Советы уæнг инæлар-лейтенант Н. Субботин Сана- хъоты Грийы сгуыхтдзинæдты тыххæй: «Æмбал Санахъоты Г., 70 армийы æфсæддон Советы уæнг уæвгæйæ, йæхи равдыста фæлтæрд æмæ цæттæ политикон кусæгæй. Тынг хорз арæхсы æфсæддонты ’хсæн партион-поли- тикои куыстмæ. 1945 азы уалдзæджы размæбырсæн тохты равдыста орга- низаторы иттæг хорз миниуджытæ. Алыхатт дæр-иу уыд арми- йыæфсæддон хæйттæ æмæ баиугæндты, фронты раззаг хаххыл, разæнгард сæ кодта йæхи цæвиттонæй, æвæстиатæй мадзæлт- тæ иста архайæг æфсады хæстон æрмæджытæ æмæ хæлцæй ифтонг кæныны сæраппонд. Не ’фсад Данцигæй Одеры цæугæ^ 565
донмæ куы бырста, уæд Санахъойы фырты арæхстджын архай- ды руаджы скълæдтæ æмæ госпиталтæ иу бынатæй иннæмэе’ хаст цыдысты æнæзианæй. Уый фæрцы фронты æфсæддоп Совет æнтысгæйæ сæххæст кодта йæ хæстон хæслæвæрд. Ие стыр сгуыхтдзинæдтæ æмæ йæ фæлтæрд арæхстджьт разамынды тыххæй Санахъоты Г. у Ленины орден райсыны лккаг». Æмæ æцæгдæр хорзæхджын æрцьгд Леиины ордеиæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты немыцаг-фашистон тыхæйио джыты ныхмæ тохы хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад кæй раь- дыста, уый тыххæй Санахъоты Гри хорзæхджын æрцыд Лени- ны дыууæ орденæй, «Сырх Тырысайы» цыппар орденæй, «ФыдыбæсГæйон хæсты» фыццаг къæпхæны орденæй æмæ цал- дæр медалæй. Ныртæккæ Санахъойы фырт ис отставкæйы, фæлæ уæд- дæр активон хайад исы æхсæнадон хъуыддæгты. . ’
Прага Л. ДУДЖЫ АККАГ ЧЫЗГ Ллыбон дæр медицинон службæйы булкъон Саламты Со- - няйы номыл постхæссæг æрбахæ’ссы бирæ фыстæджытæ. Абон дæр та райста фыстæг — арфæ йын кæнынц йæ райгуырдыл 55 азы сæххæсты сæраппонд. Соня Виссарпоны чызг бахудти æмæ афтæ зæгъы: — Инæлар фæрæдыд, мæ райгуырæн бон абон нæу. Иу цъус ахъуыды кодта æмæ дарддæр дзуры: — Инæлар Барис Владймиры фыртæн мах хос кодтам. Ныр дард кæмдæр слу- жбæ кæны æмæ нæ уæддæр æрымысыд... Саламты чызг æрымысыд йе ’взонджы бонтæ. Бæгъæввад, къаннæг чызгæй сæ хъæууыигты куыд разгъор-базгъор кодта. Фæндыдис æй ахуыр кæнын, фæлæ уæд рæуæдты та чи хызта- ид. Иæ иу цинад-иу уыд дидинджытæ тонып æмæ сæ губактæ аразын. Йæ хистæр хоты дзабыртæ-иу йæ уæлæ скодта æмæ-иу афтæмæй хъæуæй йæхи фæцæуæг кодта. Фæлæ цас хъуамæ фæцыдаид. Соня нæ уарзта зымæгои бонтæ, уæд-пу ын хъазы- ны фадат нæ уыд. Йæ хистæр хотæ Дзæуджыхъæуы ахуыр кодтой. РГæ мады нæ хъуыды кæны. Дарддæр Саламты Соня ноджыдæр æрымысыд йе ’взон- джы бонтæ. Йæ фыд уæззау рынчынæй сыитæджы куыд хуыс- сыд. Йæ фыды хо-иу дзырдта: куысты рафтыди мæ зынаргъ æфсымæр. йæ чызджыты ахуырмæ арвыста... йæхæдæг сихсыд. Соня иудадзыг бадт йæ рынчын фыды фарсмæ. Иуахæмы иаз фыд фехъал æмæ йын афтæ зæгъы: «Мæ чызг, тынг мæ фæ* нды, куы сахуыруаис, ма зивæг кæн. Æз куьтддæриддæр адзæ- бæх уон, афтæ дæ^ мæ хъус æрдардзынæн». Фæлæ Цæгат Ирыстоны хæхты, Хъахъхъæдуры чысыл 567
хъæуы уыцы рæстæджы (уый уыд Октябры революцийы фæ- уæлахизы дуджы) нырма медицинон æххуысыл хъуыды дæр ничи кодта. Æмæ уæззау рынчын Саламты Виссарион цалдæр боиы фæстæ амард. Уыцы рæстæджы Соняйы хистæр хо Фузæ Хуссар Ирысто- ны куыста ахуыргæнæгæй æмæ йæ кæстæр хойы ’ркодта Цхин- валмæ. Соня ахуыр кæнын райдыдта. Иу цъус фæстæдæр ку- сын райдыдта фыццаг ирон газет «Хурзæрин»-ы типографы дам- гъæвзарæгæй. Йæ хойæн цингæнгæйæ дзырдта: «Хорз куысты ныллæууыдтæн. Æз цы дамгъæтæ æвзарын, уыдон кæсынц мин- гай адæймæгтæ». Ахæм хъуыдытæ кодта Соня Виссарионы чызг. Фæлæ йын йæ хъуыдытæ фæурæдта медицинон хо: иу рынчынæн йæ тæвд æгæр тынг схызт. Соня Виссарионы чызг медицинон хойæн амо- ны, цы саразын хъæуы, уый. Йæхæдæг хъуыды кæны, цæй ах- хосæй февзæрдæр рынчыны уавæр. Æрдæг сахаты фæстæ Тбилисы æфсæддон округоп госпи- талы фыццаг хайады хистæр Саламты С. В. бацыд йæ службæ- йон кабинетмæ. Сгарын райдыдта рынчын дæлбулкъоны. Æнæ- уи фидар л,æг уыд дæлбулкъон, фæлæ ныр æгæр æрхаудта. — Дохтыр, æз æй бамбæрстон — мæ хъуыддæгтæ хорзнесты, змæлыны бар кæй нæ дæттут, уый цæуылдæр дзурæг у, — дзу- ры рынчын дæлбулкъон. Ахæм рынчынæн иунæг беседæ йæ хъуыддаг нæ фæхуыздæр кæндзæн. Саламты чызг-иу æм арæх æрбауади. Нæ-иу æй сы- хъал кодта, афтæмæй йæм йæ хъус да^рдта. Амæйразмæ ма ацы палатæйы хуыссыд æндæр рынчын. Уый дæр ахæм рынчын уыд. Фæлæ ныр сынæниз æмæ рæхджы ацæудзæни. Саламты чызг рынчын дæлбулкъонæн æрдзырдта иннæ рынчыны тыххæй æмæ уæд рынчын дæлбулкъон дæр фæныфсджын. Афтæ йæ хорз уынаффæ æмæ йæ хорз дзырды руаджы бирæ рынчынтæн схос кæйы Саламты чызг. Рынчыитæй алчи нæ рахаты, ацы æиувыд кусæг цас хъару хардз кæны ахæм æххуыс кæныны тыххæй. Уый бирæ хорз хъуыддæгтæ æрымысыд адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæны- ны тыххæй. Æмæ уæд æвзонг фæскомцæдисон, типографы раздæры дамгъæвзарæг, куыд ныллæууыд ахæм намыоджын царды фæн- дагыл. Уымæн базонæн ис, йæ ■биографи йын сахуыр кæнгæйæ. Уый уыд 1925 азы. Æвзонг социалистон Республикæ арæзта пог цардамонд æмæ циндзинады цард. Фæскомцæдисон балцæг- мæ гæсгæСаламты Соня ахуыр кæньшмæ бацыд Тбилисы Лени- ньй номыл р’абфакмæ. Каникульты-иу Цхинвалмæ куы ’рбаздæхт, уæд-иу арæх фембæлд йе ’мбæлттæ Санахъоты Надя æмæ Хъо- 1 цыты Ермоняимæ, хъуыды кодта дарддæр тйпографийы кусы- ныл. Фæлæ рабфак иттæг хорз нысæнттимæ каст кæй фæци, уьш 568
тыххæй йæ ахуыр кæныпмæ арвыстой С. М. Кировы номыл Æфсæддон-медицинон Академимæ. Цыппа-р азы фæстæ ирэп чыэг Академи каст фæцис иттæг хорз нысæнттимæ. Уый уыд, Æфсæддон-медицинон Академи йæ историйы мидæг фыцца/ дыууадæс сылгоймаджы куы рауагъта, уыцы аз. Академи каст куы фесты, уæд æвзонг æфсæддон дохтыр- тæ дзырд радтой, сæ царды фæстаг бонты онг Раигуырæн бæ- стæйæн æнувыдæй ,кæй лæггад кæндзысты, уый тыххæй. Кæдæм æй снысан кодтой, уырдæм ацæуыны агъоммæ æф- сæддон дохтыр Саламты Соня ногæй æрзылд Ленинграды уынг- 1Ы. Фæлæ ныр немæ уыд, æфсæддо-н Академи каст чи фæцис, ахæм ирон лæппу Джиоты Александр. — Ды мæ цуры куы уай, уæд нæ фæтæрсдзынæн цыфæнды зындзинæдтæй дæр, — загъта Александр. Чызг дæр ын зæгъы: — Кæрæдзи куы ’мбарæм’ уæд алцы дæр уыдзæн пывыл... Службæ кæнын райдыдтой æндæр æмæ æндæр гарнизонты. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ кусын райдыдтой иумæ. Бацарды- сты. Бирæ куыстой. Хæдзародæ-иу куы æрыздæхтысты, уæддæр- иу уынаффæ кодтой сæ куыстыл. Фæлæ сæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст фæхицæнтæ кодта. Латвийы иу къаннæг горæт Двинскы. Знон дæр ма Соня Вис- сарионы чызг йæ фатер дзæбæх бафснайдта æмæ æнхъæлмæ каст йæ лæджы æрбацыдмæ. Æмæ абон — 22 июны та æфс- пайы медсанбаты дзаумæттæ æмæ хъуыды кæиы: куыд тагъа- дæр фæхæццæ уыдзынæн мæ лæгмæ. Иу боны фæстæ райста фыстæг. Александр Иваны фырт æм фыста: «Зынаргъ Соня! Зонын æй, ды цы уавæры дæ, ахæм уæззау уавæры ис æппæт бæстæ. Сæйраг хъуыддаг у фидар фæлæууын. Баххуыс кæн де ’мбæлттæн. Рацу уыдонимæ. Уæ разы стыр куыст лæууы. Бомбæтæ иыл кæй калынц, уый хæе- ты закъон у. Махуæттæ дæр цъус бомбæтæ яæ калынц». Ныфс- джын æмæ хъаруджын уыд советон дохтыр-коммунист Джио- ты Александр. Хæсты зын азты дæр бирæ лæгдзинад рав- дыста. Хæсты райдианæй фæстæмæ Саламты Соня æмæ Джиоты Александр кæрæдзийæ фæиппæрд сты. 1942 азы 19 февралы Сонямæ медицинон хотæ радтой конверт. Æркастис æм, бахудтис æмæ загъта: «Ныр дзы райс- тон фыстæг». Фæлæ йæ цинæй иицы рауад. Фыстæг райхæлд- та æмæ дзы бакаст. «Уæ мой, Джиоты Иваны фырт Алексан- Др фæмард хъайтарон æгъдауæй». Цы ма уыдаид зындæр, би- рæ маст кодта. йе ’мбæлттæ дæр йæ уæлхъус фæлæууыдысхы. Дарддæр намысджынæй æххæст кодта йæ хæстон хæслæвæрд- тæ. Райгуырæн бæстæйы раз йе стыр лæггæдты тыххæй Са- ламты Соня хорзæхджын æрцыд Ленины орден,, «Сырх Тыры- сайы» «Фыдыбæстæйонхæсты» æмæ «Сырх Стъалыйы» орденæй аэмæ цалдæр медалæй. 569'
Раджы фæцис Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Фæлæ дохтыр Саламты Соня абон дæр кусы, нæ Райгуырæн бæстæйы сабы- рад нын чи хъахъхъæны, уыдой æнæниздзинад хъахъхъæньь ныл. Уый кæньг стыр зонадон куыст дæр. Бирæ куыстытæ йын мыхуыр æрцыд Фæскавказы æфсæддон окруджы дохтырты куыстыты æмбырдгæндты. Медицинон зонæдты йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йынлæ- вæрд æрцыд Гуырдзыстоны ССР сгуыхт дохтыры ном. Саламты Соня æфсады службæ кæны 35 азы æмæ уыцы рæстæджы алы хатт дæр намысимæ æххæст кæны йæ кад- джын хæс.
Голоты Ирсс ИРЫСТОНЫ ЧЫЗГ Мæскуыйæ дард Берлины онг ФыдгулУ ’ндон фидæрттæ састой... Гафсз. 1944 аз. Фæззæг. Мæйдар æхсæв. Цæсты къух куы фæтъы- ссай, уæддæр æй лæг нæ фендзæн. Цæуынц цыппарæй, зæххыл цы тел айвæзт, уый фæдыл. Сæ разæй цæуы сæ хистæр, сæ командир, йæ фæдыл та æртæ хæстоны сæ автоматтпмæ. Нарт- хоры хуым. йæ сыфтæ сыбар-сыбур ’кæнынц. Ахæм мæйдар æхеæвы, уæлдайдæрта ахæм рæтты æдасæй цæуæн нæй. Къæрц- цхъус æмæ цырддзаст уæвын хъæуы. Ахæм ран лæгæн йæ къæбутыл дæр цæстытæ хъуамæ уа. Знагæп кæд йæ ас- тæумагъз Советон Æфсад ныосаста æмæ ныр ’ йæ лæгæты ’рдæм лидзы, уæддæр иырма хæст нæ фæцис, туджы зæйтæ нæма банцадысты. Знæгтæ стонг æмæ цæф сырдтæй хъауджы- дæр не сты. Иуæй-иутæ нал аййæфтой се ’фсæддон хæйтты æмæ дзы ныр бирæ февзæрд не ’фсæдты фæсчъылдым, æмбæ- хсынц хъæдты, нартхæртты. Ахæмтыл æнæнхъæлæджы æмбæлынæй сæхи хизынц, уæл- Даер цы цыппар хæстоны кой ракодтам, уыдон æмæ хъавгæ, сæ алы къахдзæф баргæ дæр уымæи цæуынц ацы талынг æх- сæв. Телефоны тел кæмдæр аскъуыд æмæ йæ æнæмæнг ссарын «омæ баиу кæнын хъæуы. Бастдзпнады ротæйы хистæр Сæлбиты Верæ дыууæ хатты 571
рарвыста йæ хæстонты телефоны бастдзинад сифтонг кæнын- мæ, фæлæ нæ сæххæст кодтой сæ хæс: фыццаг хатт цы дыууæ хæстоны арвыста, уыдон зынгæ дæр никуыуал ракодтой, иннæ дыууæ та фæстæмæ æрбаздæхтысты, тел кæм аскъуыд, уый не ссардтой. Уæд полчы .командир бардзырд радта Сæлбиты чызгæн иу сахаты æмгъуыдмæ телефон скусын кæныны тых- хæй, Капитан Сæлбиты Верæ æртæ хæстоны йемæ ракодта æмæ йæхæдæг ацыд хæстон хæс æххæст кæнынмæ. Нартхоры хуымæй ахызтысты, фæлæ тел кæм аскъуыд, уый нæма ссардтой. Бахæццæ сты хъæдмæ. Верæ цæуы арæх- стгай. Хатт æрлæууы æмæ айхъусы. Сабыр æхсæв. Никæцæй пицы хъуысы. Æрмæст дард кæмдæр, арвы ферттывдау, ба- рухс вæййы æмæ анæрынц топпы иугай хъæртæ. «Ссардтои æй», — ^сабыр хъæлæсæи, фæлæ хъæлдзæгæй сдзырдта Верæ. Хæстонтæ февнæлдтой æмæ скъуыд тел уайтагъд баиу кодтой. Сабыр æмæ талынг уыд хъæды. Сæ хъустыл ницы унæр уад æмæ ницы уыдтой сæ кæрæдзийы сау æндæргты йед- тæмæ. Сæ хистæры амындмæ гæсгæ-иу куы æрлæууыдыстьт, уæд сæм иу хъуыст æрмæст кæрæдзийы улæфын æмæ цæуга^- цæуын та сæ къæхты хъæр. Фæстæмæ фæндаг дæр афта> тæссаг уыд, фæлæ сæ хæстон хæс кæй сæххæст кодтой, уымæй разæнгард уыдысты æмæ æдас бынатмæ куы ’рбахызтысты. уæд хъæлдзæг ныхæстæ кæнын райдыдтой. Хæстон хæс сæххæст кæныны фæстæ гæнæн ис æмæ улæ- фгæ дæр акæной. Ныккæнды сæ чи кæм æркъул кодта, чи кæм. Лæппутæй иуæн йæ хуыррытт райхъуыст. Фæлæ сæ командир Сæлбиты чызджы хуыссæг нæ ахста. ,йæ рахш цонг йæ нывæр- зæн бакодта, йæ цинел йæ уæлæ, афтæмæй йæ хъуыдытæ атах* тысты йæ уарзон Ирыстонмæ. йæ цæстытыл уадысты . урссæр хæхтæ, тæлтæг хæххон цæугæдæттæ, уазал суадæттæ... Хæрз чысыл уыд, афтæмæй Верæ бауарзта æфсæддон хъуыддаг. Хъæдьш æхсаргард /æмæ топп ’саразын кодта йæ фы- дæн æмæ-иу бон изæрмæ лæппутимæ хъазыд. йæ мад кæнæ та- иу ын хъæубаэсты устытæй исчи куы загъта, зæгъгæ, ды чызг дæ æмæ дын не ’мбæлы ахæм хъæзтытæ, уæд-иу фенкъард, фæ- лæ адæймаг цы хъуыддаг уарза, уæлдайдæр та чысылæй, уый йын зын ныууадзæн у. Верæ куы фестырдæр, уæд сахуыр ис бæхыл бадын дæр. Чи йæ нæ зыдта чызг у, зæгъгæ, (чысылæй дардта лæппуйы хæлаф), уый-иу æй бæхыл бадгæ куы федта, уæд-иу загъта: «Ацы лæппуйæ æнæмæнг хорз барæг рацæу- дзæн». Верæ бирæ уарзта, Ирыстоны партизанты хæстон сгуыхг- дзинæдты тыххæй ацæргæ лæгтæ цы дзырдтой, уыдонмæ хъу- сын.х Ахæм ныхæстæм хъусыны фæстæ-иу æхсæв фыны дæр партизацты уыдта. Верæ куы рахъомыл, уæд ахуыр кæнын райдыдта Тбилисы Чшдустриалон рабфачы. Бжрæгбонты-иу æфсæддонты парадмæ 572
каэсьинæй не 'фсæ,ст. Рабфачы дьгууæ азы ахуыр кæныны фæстæ амидæг Киевы æфсæддон ахуыргæиæндоны. Фыццаг æм был- ьгсчъилæй кастысты, зæгъгæ, сылгоймагæй цæй æфсæддон хъуа- мæ рацæуа... Фæлæ Верæ нæ фæтарст. Экваментæ радта иттæг хорз. Æгæрыстæмæй ма йыл ахуыргæнджытæ дис дæр кодтой, сæ зæрдæмæ фæцыд ирон чызджы хъæппæрисдзинад. Дйстой йæ æфсæддон скъоламæ. Ахуыры азтæ кæуылты атахтысты, уый зонгæ дæр нæ ба- кодта. 1934 азы советон адæм Октябры бæрæгбон куы нысан кодтой, уæд Верæйæн та уыд дывæр бæрæгбон: уыцы бон сæ рауагътой скъолайæ. Цалд(æр боны фæстæ хистæр лейтенант Сæлбиты Верæ стьир цымыдисæй <цыд Мæскуыйы уьшгты, сто- лицæмæ æрцыд йæ лæг Саламты Исламимæ. Уый дæр каст фæ-< цис æфсæддон скъола æмæ йæ снысан кодтой бæхджын æфса- дьг эакадроны командирæй. Бинонты цард сывæллæттæй фидауы. Верæ, æмæ Ислам дæр цух нæ уыдысты уыцы фвдыцæй: уыд сын æртæ сывæлло- ны. Цин кодтой сæ чысыл хъæбултыл, уыдон фенгæйæ-иу сæ фæллад фæтары. Цас бæллицтæ æмæ сагъæстæ вæййы адæй- магмæ! Верæ æмæ Исламæн дæр сæ фидæны цард сæ -цæстытыл уад, бирæ хорз хъуыдытæ æмæ (бæллицтæ сæм уыд... Фæлæ ра- диойæ райхъуыст фыдуац: райдыдта хæст, фашистон Герман мæн^ард æгъдауæй æрбабырста нæ бæстæмæ. Бирæ хъуыды кæныны рæстæг сын нæ уыд. Лæг æмæ ус ах\ицæн кодтой хъуыддаг: сабиты ратдзы-сты сывæллæты хæ- дзармæ, (сæхæдæг та фронтмæ ацæудзысты. ’Верæ æмæ Ислам службæ кодтой иу полчы. Исламы сньь сан кодтой батальоны командирæй, Верæйы та — бастдзинады ротæйы командирæй. Немыцаг хæдтæхджытæ æппынæдзух тах- тысты сæ дивизийы позициты сæрты, æипæрстой æнæнымæ-ц бомбæтæ, æрвнæрæгау кюдтой сæ сармадзантæ æмæ сæ мино- меттæ. Арæх скъуыдысты телефоны телтæ, фæлæ Верæ цыря лæууыд, ’бастдзинад-иу кæм нал уыд, уым та-иу уайтагъд фев- зæрдысты йæ хæстонтæ æмæ-иу æй ацарæзтой. Иу карз тохы фæстæ Верæйæн фехъусын кодтой, зæгъгæ, Ислам, уæззау цæфæй, йæ хæстонты иу къордимæ бахауд æр- хъулайы. Хъæбатыр ирон чызгæн йæ цæстытыл ауадысты, йæ уарзои Ислам гитлеронтæм куы бахауа, уæд ын цы фыдмитæ кæндзыс* ты, уыцы -нывтæ. Иæ сау цæстытæ юсыгъдысты. «Нæй, нæй, уый гæнæн ’нæй!» — фæхъæр кодта Верæ. Æвиппайды йæ ротæ æмæ Исламы батальоныл скомандæ кодта: «Мæ фæдыл!» Хæстонтæ Верæйы фæдыл абырстой, батыдтой фапшстты æрхъула æмæ ссæрибар кодтой, æрхъулайы чи бахауд, уыдоны. Хæсты бирæ æнæнхъæлцау ^хъуыддæгтæ æрцæуы. Мæлæг хæстонæн фронты, йæ аууонау, æппынæдзух йæ фæрсты цæуы. Нæ, Верæ дæр æмæ Ислам дæр мæлæтæй нæ тарстысты: сæ 573
цард нывонд уыд Райгуырæн бæстæйæн. Æрбамбæлд сыл æи- дæр фыдбылыз, ашхъæл каамæй иæ уыдысты, ахæм. Исламы батальон ныхæй-ныхмæ хæцыд немыцæгты аэнæхъæн дивизи- йы ныхмæ ,æмæ ма дзьт хæрз стæмтæ аирвæзт удыгасæн. Ко- мандир йæхæдæг цы фæцис, уый бæрæг нæ уыд. Мард уыд, æгас уыд, уый Верæ нæ зыдта. Маст, стыр масты хай фæцис, фæлæ ма цы сарæзтаид..Г Мах æфсæдтæ размæ бырсын куы райдыдтой, уæд Верæйы цинæн кæрол, нал уыд. йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой, кæм-иу нæ фæмидæги. йæхи æппæрста размæ, иууыл тæссагдæр бьь нæттæм. йæ хæстонтæй бирæтæ дзьгрдтой, зæгъгæ, нæ командирмæ пæмыг æввахс нæ цæуы. Æмæ, æцæгдæр, хæстæн йæ райдианæй йæ фæудмæ, Мæскуыйы цурæй суанг Берлины рнг стыр тохты! Сæлбиты Иваны чызг Верæ уыд хæцæг æфсады, фæлæ иу цæф ,дæр никуы фæцис. Æцæг, иу ран сармадзаны ’нæмыг йæ тæккæ цур фехæлд, йæ цуры чи уыд, уыдоиæй цалдæр онггай фæхауд- "той уæлдæфмæ, Верæ дæр сыджыты бын фæцис. Хæстонтæ куы ’рбадугъ кодтой æмæ са^ командиры куынæ уал ауыдтой, уæд хорзау нал фесты, фæлæ йæ куы ракъахтой • æмæ удыгасæй куы разынд, уæд та сæ цинæн кæрон нал уыд. ’ Иу къуырййы бæрц йæ хъустæй нæ хъуыста, йæ буар æндзыгау уыд. Санбаты хуыссыд, госпиталмæ йæхи ласын нæ бауагъта. Куы сдзæбæх, уæд та слæууыд йæ хæстон посты æмæ йæ хъæбатырдзинадæй разæнгард кодта йæ хæстонты... Хæст фæцис. Берл.ины сæрмæ сфæйлыдта Уæлахизы сырх тырыса. Адæм цин кодтой, цин кодта Верæ дæр. Раздæхтис фæстæмæ йæ сывæллæттæм, йæ хæдзармæ, йæ риуæй æрттыв- тытæ калдтой цалдæр ордены -æмæ бирæ хæстон медалтæ. Мæс- куымæ æрцæугæйæ, Верæ æрцагуырдта æмæ фæстæмæ йæ хæ- дзармæ æрбатымбыл кодта йæ сывæллæтты. Хæсты фæуынæй бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ йыл сæм* бæлд æндæр щшдзинад дæр: фашистон лагертæй, æппæт зын- дзинæдтæн бафæразгæйæ, æрыздæхт Ислам.
Дауыраты Дамар СИДАХЪАТЫ ЛÆППУТÆ Комсомольскы хъæуы цæрджыты ’хсæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй ныхас куы рауайы, сæ хъæуккæгтæй дзы чи нал сыздæхт, уыдоны куы æрæмысынц, уæд æппæты разæй ракæнынц Сидахъаты æртæ æфсымæры кой. Ныхæстæм саби- тæ ныхъхъусьтнц, фæтых сыл вæййы сæ цымыдисдзинад æмæ ацæуынц хъæугæрон уæлмæрдтæм, æфсымæрты цыртыл цы хуызист ис, уымæ кæсынмæ. Æз дæр сын бабæрæг кодтон сæ хæдзар. Уый æрынцад къабузджын бæлæсты ’хсæн. Сæрдыгон хæдзарæй уæлдай ма дзы ис æртæ уаты.' Ме ’рбацыды сæр базонгæйæ, мæпыл æрæм- бырд сты сыхбæстæ, æрбацыди, лæппутæ сæ сабидуг кæимæ арвыстой, се ’рвадæлты уыцычызг (ныр Киситы чындз у), ацы хъæуы астазон скъолайы ахуыргæнæг Залухан. Йемæ мын æр- бахаста, лæппутæ фронтæй цы писмотæ сæрвыстой, уыдон. Ба~ цамыдта мын: Мæнæ апы уат уыди хистæр Дзантемыры, ас- тГеуккаг — Хъантемыры та — астæуккаг, кæройнаг-та — сæ кæстæр Бекмырзæйы. Фæлæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Фехæлдта би- рæ адæмты рæсугъд фæндтæ æмæ уынаффæтæ. Дзантемыр ныууагъта колхозы къæбицы хицауæй кусын, ацыди тохы цæ- хæрмæ æмæ уæлахшæн радта йæ цард. Йæ кæстæр Хъантемы- ры хæст æрæййæфта горæт Хъазаны, лæппу ахуыр кодта артил- лерион училищæйы. Тынг сæрæн æмæ хъаруджын уыди. Æнæ дон ранæй дон ратæдзын кæндзæн кæмæй фæзæгъынц, ахæм гуырд уыдис. Сæхимæ дзы куырдтой, цæмæй сын йæ хуызист сæрвита. Хъантемыр сын йæ писмоты хъаст кодта, амал мын нæй, зæгъгæ. «...Уæхæдæг куыд цæрут? Мæ мæт ма кæнут. Немыцы цæ- вæм. Тагъд æй ныддæрæн кæндзыстæм...» Уый уыди йæ фæс- таг писмо. Хистæр лейтенант Хъантемыр Мæскуыйы цур хæсты хъæбатырæй фæмард. 575
СИДАХЪАТЫ ÆРТÆ ÆФСЫМÆРЫ ДЗАНТЕМЫР, ХЪАНТЕМЫР æмæ БЕКМЫРЗÆ. 576
1942 азы йæ къухтæм фыццаг хатт хæцæнгарз райста сæ кæстæр æфсымæр колхозы хыгъдхæссæг Бекмырзæ дæр. Æркæсут-ма хуызистытæм. Уыцы æртæ рæсугъд лæппуйы Сидахъаты æфсымæртæ Бекмырзæ, Дзантемыр æмæ Хъанте- Мыр сты. Рох нæу сæ лæгдзинад. Чи сæ зыдта, уыдоны цæстыл уайынц цардæгасæй. Адæм адæм сты. Лæгæн кад кæнын зонынц. Зæгъæм, æф- сымæрты кæстæр Бежмырзæ ныгæд у горæт Краснодары цур хъæу Шибликы уæлмæрды. Хъæубæстæ йын зилынц йæ мн- гæнмæ, уалдзæг уа, фæззæг — нæ цух кæны дидинджытæй. Æрбацæуынц æм ногдзаутæ, ард бахæрынц Райгуырæн бæстæ, ацы ирон лæппуйау, уарзыныл. Лæппутæ кæрæдзийы фæстæ куы фæзиан сты, уæд-иу сау гæххæтт хъæуы постхæсджытæ райстой. Æрмæст-иу æй лæппу- ты мадæн нæ равдыстой. Зыдтой, нæ бафæраздзæни йæ лæ-* мæгъ зæрдæ, йæхи кæуынæй мардзæн. Лæг та уæддæр фидар зæрдæйы хицау у. Фыд хъуыддаг æмбæрста, фæлæ ныффидар кодта йæхи. Нæ бафæрæзтой дыууæ зæронды зæрдæтæ уыуы хъизæ- мæрттæн: раздæр фæзиан ис мад, ууыл дыууисæдз боны куы рацыд, уæд та — фыд. Уыдон нал фæзындысты, фæлæ сæ бæсты æрæрвыстой цыт- джын уæлахиз, абон не ’ппæты къонатæ дæр кæмæй рухс кæ- нынц, уыцы уæлахиз. 37*
Асаты Реуаз ХÆСТОН ÆРДХОРДЫ ЦÆССЫГ..* Райсомы хуры тынтæ рог машинæйы авгыл тыбар-тыбур кæнынц. Се ’рттывдмæ цæстытæ нæ лæууынц. Къостайы хъæуы гуырдыг стæм Аунеуы ’рдæм. Къуылдьшы фæхстыл митæй зæхх ранæй-рæтты хъулæттæ дары. Хъарм бон у. Уæнгтæ ра- гацау хатынц уалдзæджы комулæфт. Хъустыл зæлынц кæмтты раивылæг къадатæ æмæ суадæтты æхсызгон хъæлæстæ. Мæр- гъты цъыбар-цъыбур. Малусæджы хæрзгъæд тæф, ногдзыд кæрдæджы цъæх гауыз... Аунеуы колхозы сæрдар Ростом Сиктурашвилийы бай- йæфтам канторæйы. Къулыл ауыгъд телефоны <хæтæлы кæимæ- дæр ныхас кодта уалдзæгмæ >бацæттæ.йыл. Телефоны хæтæл — йæ иу къухы афтæмæй мын дзургæ-дзурын иннæмæй мæ арм тынг нылхъывта ,йæ нуарджын,\ нарст жъухы æнгуылдзтæй. — Цом, уæдæ, æмæ уын мæ хæстон æрдхорды базонгæ кæ- но:н, — йæ цæстытæ цины ’рттызд фæкодтой Ростомæн. Пронейы чысыл цæугæдоны былыл фидауы дыууæуæла- дзыгон рæсугъд бæстыхай. йæ уæлхæдзарæй хъæууынгмæ зьь ны телевизоры антеннæ. Кæрты дуар нын бакодта нæ фысым. Каерты, чысыл къуыдырыл сугтæ сæтты, асæй æмæ азтæй дæр рæстæмбис чи уыдаид, ахæм лæг. * — Базонгæ ут мæ хæстон æрдхордимæ! — загъта Ростом. Мæнмæ цæмæндæр афтæ каст, цыма уый дæр, йæ хæстон æм- балау, уæйгуытæконд æмæ лæппу-лæг хъуамæ уыдаид. Цъæх- , дзаст, къæсхуыр лæг йæ сугсæттын фæуагъта æмæ мæм йæ арм фæдаргъ кодта: 578
— Андрей! — загъта йæ хæдуæлвæд. Æмæ уазæгæн кусын чи кæны? — хъазгæйæ бакодтон фысымæн. ^ Ныр къуырийы дæргъы ам дæн æмæ уазæг нал дæн! — цыма дзуапмæ развæлгъау цæттæ уыд, уыйау мæм æрбадзырд- та Андрей æмæ йæ.фæрæт саст сугтыл баппæрста. Схызтыстæм бæстыхайы райдзаст хатæымæ. Цалынмæ мах пыхæстæ кодтам, уæдмæ фысым æмæ йæ хо ауадысты æмæ уазджыты кой кодтой. Ломаицев Андрей Григолы фырт Аунеуы фыццаг хатт нæй. Йæ цæстытыл, æвирхъау нывау, ауадысты Стыр Фыдыбæстæ- йон хæсты бонтæ. 1941 азы июнь. Карз тохтæ Харьковы цур. Æртæ хатты къухæй-къухмæ цыдис. Ныхмæлæууæг систа го рæт Изюм-Барвенково. Хъæутæ, хутортæ, станицæтæ... Тохы быдыры^ фæэонгæ сты уырыссаг лæппу-лæг Ломаицев Андрей æмæ гуьирдзиаг æвзонг, æиудæсаздзыд лæппу Ростом Сиктурашвили. Хæцыдысты 900-æм æхсæг полчы танкæты ных- мæ хæцæнгарзджын ротæйы. Тох кодтой дыууæ рæихъон сал- даты æмæ, Райгуырæн бæстæйы сæрыл хæцгæйæ, знагæй хыз- той: Андрей — йæ уарзон Кубань, Ростом та — йæ алæмæт- таг Гуырдзыстоны... Семæ уыдис ирон хæстонтæ дæр: Цхуыр- баты Дианоз (Цихантурийæ), Тедеты Харитон (Иончайæ, (Хъе- мултайы хъæуккаг Багаты Ефим, сæ цæсты раз тохы быдыры хъæбатырæй мард фæцис... Иуахæмы .горæт Изюм-Барвенковойы цур 900-йæм æхсæг полчы командир йæ хæстонты сыстын кодта знаджы ныхмæ карз тохмæ. Размæбырсджыты рæнхъы уыдысты Ростом æмæ Андрей дæр. Быдыры иу хæлд комбайны бадтис немыцаг снай- пер. Уый мæлæтдзаг цæф фæкодта полчы командиры. Советоц хæстонтæ, сæ уарзон раздзоджы маст исгæйæ, æрхъула кодтой комбайныл. Фаишст.йæ бон базыдта æмæ йæхи уацары радты- нмæ хъавыд, фæлæ йæ, нæ салдæттæ,й кæйдæр нæмыг бай- ’йæфта. Карз тохтæ сцырын сты Ростовы здæхты. Гитлеронтæн бантыст нæ сыхаг 77-æм дивизийыл æрхъула кæнын. 1942 азы æмбис. Июлы мæй. Бæстæ æнæуидæр хурмæ дзæгæрæг кодта, Æмæ ма йæм бафтыд æвирхъау хæсты згъæры лæсæн, зын* джы пиллон, сармадзанты, минометты, бомбæты цæхæр... Цæу- гæдон Доны къабаз Донецы былтыл бæзджын хъæзы æмбæхст уыдысты советон танкæтæ. Размæ афсæрста 30 танчы, уыдон фæстæ ноджы 40 æфсæн уæйыджы. Стæй сыстадысты нæ хæс- тонтæ. Уыдон- æхсæн, кæй зæгъын æй хъæуы, Андрей æмæ Ррстом, стæй иннæтæ Дæр. Карз тохты атыдтой знаджы æрхъу- лайы цæг æмæ уацарæй фервæзын кодтой сæдæгай советон хæс-* тонты. Уыцы тохы Ростом Сиктурашвили райста фыццаг хор- зæх «Хъæбатырдзинады тыххæй» медаль. Немыцæгтæ бомбæтæ ’рызгъæлстой Донецы хидыл. Æхсæв советон сапертæ доныл сарæзтой ног ахизæнтæ. Знаг сæ базыд- 579
та, сæ сæрмæ срухс кодта ’æмæ сæ артиллерион æхстæй скуы- нæг кодта. Андрей Ломанцевæн йæ рахиз цонджы æнгуылдз- тæй дыууæ ахаудта. Æхсæвы йæ нæ санитартæ бæлæгъыл ра- ластой доны иннæ фарсмæ. Йæ цонг фæцæф ис Ростомæн дæр. Дыууæ æрдхорды сæм- бæлдысты Воронежы æфсæддон госпиталы. Гитлеронтæ бом- бæтæ æркалдто "йгоопиталыл. Цæф хæстонтæй ма удæгас чи баззад, уыдон махонтæ арвыстой дард фæс-Волгæмæ. Дыууæ æрдхорды дæр аластой уыдонимæ æмæ сæ Саратовмæ ’ввахс æфсæнвæндагон станц Мокроусыуæвæг госпиталы схуыссып кодтой. Аивгъуыдта цасдæр рæстæг. Байгас сты сæ цæфтæ, фæлæ афтæмæй хæстмæ æрвитынæн куы нал сбæззыдысты, уæд госпиталы хистæр йæхимæ фæсидтис Ростом Сиктурашви- лимæ: —, Салдат Андрей Григолы фырт Ломанцевы райгуырæн кубайнаг хъæу нырма немыцы дзæмбыты бын ис. Курæг дæ дæн, акæн æй демæ Гуырдзыстонмæ. Зонын, сымах уазæгуарз адæм стут æмæ йæ рæстæгмæ бавæр. «19 боны бахъуыдыстæм Саратовæй суанг Ирыстюнмæ! Астраханæй змисвæндæгтыл Хъызлармæ фистæгæй фæцыдыс- тæм 450 километры бæрц». — Æрымысыд Андрей Ломанцев æмæ йæ хабæрттæ дзырдта, уырыссаг уæвгæйæ, украинаг ны- хасы хаттæй æмæ акцентæй (1913 азы райгуырд кубайнаг хъæу Сергийскийы). — О, уæдæй фæстæмæ.25 азы рацыд, — æрымысыд Рос- том. — Андрей цардис немæ дæлæ уыцы чысыл хæдзары, — рудзынгæй ацамыдта кæртмæ Андрей, сугтæ кæй разы саста, уырдæм. — Мæ мад ма уæд удæгас уыд. Андрей-иу йæ усæмæ йæ зæнæджы куы æрымысыд, уæд-иу дæлæ уыцы цæхæрадон- мæ ацыд’æмæ сусæгæй йæ цæссыгтæ згъæлста. Ростомы йæ хъæуы колхозонтæ равзæрстой бригадирæй, Тракторон бригадæйы куыста Ломанцев æмæ дзы хъæуккæгтæ разы уыдысты. Аунеуы баззадис иу афæдзы бæрц. Уалынмæ Кубан сæрибар æрцыд немыцаг-фашистон ты- хæйисджытæй. Андрей фæцыдис йæ райгуырæн хъæумæ æмæ уæхскуæзæй кусын райдыдта хæстæй пырх хæдзарад æнди- дзын кæныныл. Йæ амондæн, æвыдæй баззадысты йæ ус, йæ зæнæг æмæ та æнувыдæй аразын райдыдтой сæ’ цард. Росто- мимæ кæрæдзимæ фыстæджытæ фыстой 1945 азмæ. Стæй рæс- тæгмæ фæхицæн сты. Бон цыди æмæ фарн йемæ хаста. Ростом 7 азы фæкуыста сæ колхозы фермæйы гæсæй æмæ райдиан партион организа- цийы секретарæй. Диссаджы арæхст кодта колхозон кондады тохвæлтæрд æвзонг лæппу. Фæстæдæр ссис правленийы сæр- дар æмæ ныр 20 азы арæхстджынæй размынд кæны Аунеуы хъæуы Гурамишвилийы номыл колхозæн. Иæ хæстон хорзæхты , фарсмæ йæ фæтæн риуыл сфидыдта Советон хицауады уæлдæр хорзæх — Ленины орден... 580
Фысым фынг æрывæрдта: — Цæхх æмæ кæрдзынæй фидауынц сыхаг гуырдзиаг æмæ ирон адæмы хæдзæрттæ. Афтæ уæ нæ ауадздзынæн.— Рæдау, уæздан фысым йæхи дзырд акодта. Рæгъытæ Советон Æфсады тыххæй. Хæсты быдырæй чи нал æрæздæхт, уыдон тыххæй... Дды куывдмæ Андрей Ломанцевы русы ’нцъылдыл иу цæсты сыг æрхъуызыд. Рæгъытæ хæсты быдыры тугæй скæнгæ æфсы- мæрон хæлардзинады сæраппонд!.. Мæ фысымтæй куы цыдтæн, уæд мын Андрей, хæрзбон кæн- гæйæ, загъта: - ’ ’ , — Цæй, фенынмæ уал! Ростомимæ-иу нæм уазæгуаты æр- цу. Мах дæуæй дæр иу чысыл хæсджын стæм — даæ.райгуы- рæн Кубаны, мæ бинонтæ ссæрибар кæныны, сæрыл хæцгæйæ, ды дæр дæ туг ныккалдтай æмæ абонæй фæстæмæ æрдхæрд- тæ уыдзыстæм! — йæ къух мæм тылдта асины сæрæй АнДрей Ломанцев. Чысыл кубайнаг хъæуккаг, хуымæтæг адæймаг, па- ртийы XXIII съезды номыл колхозы рæнхъон уæнг.
А. Новиков Авиацийы сæйраг Маршал, Советон Цæдисы Дыууæ хатты Хъæбатыр. СУСÆГ ХОТЫХ Журнал «Смена»-йы фароны азы 9-æмчиныджымыхуырæр- цыд Советон Цæдисы Дыууæ хатты Хъæбатыр, авиацийы сæй- раг маршал А. А. Новиковы уац «Сусæг хотых». Уым Дзырд цæуы 1941 азы Ленинграды блокадæйы фыццаг бонты советон тæхджыты стыр сгуыхтдзинадыл. Уацы фылдæр хай фыст у не ’мзæххон хъæбатыр тæхæг Слонаты Алыбегыл. Уый равдыс- та, дунейы авиацийы анналты зындгонд чи у, уыцы сгуыхтдзи- нæдтæй ноджы стырдæр æмæ, абарæн кæмæн н’ицæимæ ис, ахæм хъæбатыр сгуыхтдзинад. Уый та уыд афтæ: Ленинграды фронты командæгæнæг Советон Цæдисы Мар- шал К. Е. Ворошиловæн фехъусып кодтой, зæгъгæ, Волосово- йы станцæй Красное Селомæ цæуы немыцæгты стыр мотоко- лоннæ. Ныхмæлæууæг Ленинградырдæм калы резервтæ. Уым нс танкæтæ æмæ мотофмстæг æфсад. Æвæстиатæй сæ фæцæф кæнын хъæуы. — Ацы хъуыддагмæ хуыздæр чи сарæхсдзæн? — афарста Маршал Ворошилов Новиковы. — Капитан Николай Свитенко, — хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй дзуапп радта А. Новиков. Свитенко уыд штурмгæнæн цæфты фæлтæрд æмæ уæндон командир. Ворошилов сразы... ; ...А. А. Новиков аэродроммæ йæ машинæйы куы ’рыздæхт, уæд сыджыткъæсæй йæ размæ рацыд Свитенко. Астæуккаг 582
1 аоæй чысыл бæрзонддæр, хурмæсььгъд, фæтæнцæсгом - лæгшу- 1лæг, уыдис ын здыхт рихитæ, йæ цæстытыл — уæрæх кæсæн- цæстытæ. Дарддæр А. Новыжов фыссы: — Тохæй нырма йеныр æрбаздæхтæ? — афарстон Свитен- койы’. — Гъо, æмбал командæгæнæг*—дзуашп радта Св<итенко. — Цæуынц æмæ нæм цæуынц уыцы джауыртæ. , — Фрицтæн сæ зæрдæмæ нæ цæуæм,. æмбал инæлар, — райхъуыст мæм Свитенкойы фæсчъылдымæй кæйдæр хъæлæс. Æз æм фæкомкоммæ дæн. Свитенкойы фæсчъылдымæй мæм разынд æрыгон тæхæг, кавказаг характерон цæсгом кæ- мæн уыд, ахæм. 4—Ме ’мдзæуæг у, æмбал командæгæнæг, — уайтагъд мын бамбарын кодта Свитенко. — Кæстæр лейтенант Слонаты’Алы- бег. — Рагæй дæм ис? — бацымыдис дæн æз. — Сабырадон рæстæджы барæнæй йæ куы барæм, уæд аф- тæ рагæй дæрнæ. Фæлæ хæсты æндæр масштабтæ æмæ. барæн- тæ ис. Афтæ нæу, кæстæр лейтенант? — Свитенко афарста • Слонайы фырты. — Афтæ у, æмбал капитан, — сразы ис Слонайы фырт, — Ленинградæн та бынтондæр йæхи барæнтæ ис. — Цы нацийæ дæ? — афарстон æз Слонайы фырты. — Гуыр- дзиаджы хуызæн нæ дæ, сомихаджы æнгæс дæр нæ дæ. Æз цалдæр азы службæ кодтон Кавказы’ æмæ йын йæ адæмы хат- тыты хуыз зонын. Æвæццæгæн, хæххон адæмæй дæ. — Ирон дæн, æмбал командæгæнæг, — дзуапп радта Сло- найы фырт. — О-гъо/— фæдисау дæн æз, æмæ, чысыл ма бахъæуа, ма срæдион, зæгъын, мæ мард æмкъайæн дæр йæ фыд ирон уыд., Уый бæсты Свитенкойæн загътон: — Æрæмбырд кæн тæхджы- ты æмæ мын картæ^фен. Тæхджытæ куы ’рбамбырд сты, уæд сын æз бамбарын код- тон, зæгъын, уыдоц атæхдзысты Ворошиловы бардзырдмæ гæ- сгæ, бацамыдтон сын, кæдæмхъуамæ атæхой, уыцы район, стæй сын цыбыртæй бамбарын кодтон, Красное Селойы цур нæ ’фистæг æфсадæн куыд зын у, уый, загътон сын, зæгъын, Ленинград фæцух ис, бæстæимæ йæ чи иу кодта, йæ уыцы фæ- стаг æфсæнвæндагæй, æмæ, зæгъын, горæт йæхи цæттæ кæны уынгты тохтæм. — Уæхæдæг æмбарут, уавæр тынг уæззау у, — загътои сын фæстаг хатт. — Фæлæ Ленинграды знаг никуы уыдзæн. Уый та баст у махыл, мах знаджы куыд куынæг кæнæм, ууыл. Тох кæнут хъæддых æмæ арæхстджынæй. Знаджы фæрæзтæ дæр эегæрон не сты. Ленинградмæ æрбацæуæн фæндæгтæ йын зы- каргъ слæууыдысты æмæ, раджы уа, æви ,æрæгмæ, уæддæр уый сæдых уыдзæн. Ныр та уæ хæдтæхджытæм. 583
Цалдæр минуты фæстæ скуыстой мотортæ æмæ «Чайка»- тæ иу иннæйы фæдыл тæхын райдыдтой. Уыдон уыдысты аст, Рацыдис сахаты бæрц. Хуссарырдыгæй дардæй æрбайхъуы- стис нæрын. Уый æввахсæй-æввахсдæр кодта æмæ, мæнæ, зæх- хыл февзæрдис сау тæппытæ. Раззаг хæдтæхæг куы ’рбадтис, уæд техниктæй чидæр са~ быргай æмæ дисгæнгæ загъта: — Нæ фыд нал ис! Æз бамбæрстон, уый Свитенкойæ кæй зæгъынц. Хæсты рæстæджы тæхджытæ сæ уарзон командирты хуыдтой «фыд~ тæ». — Алыбег дæр нал ис! — уайтагъд сдзырдта иннæ техник дæр. — Æз нымайын райдыдтон хæдтæхджыты. Æцæгдæр дзы дыууæ нæ фаг кодта. Мæ зæрдæ ныккæрзыдта. Хæслæвæрд сæххæст кæныны тыххæй мын радзырдта эс- кадрилийы командиры хæдивæг. Знаджы колоннæ дæрæн æр- цыд. Фæлæ тæхджытæ нæ цин кодтой се ’нтыстыл: се ’мбæлт- тæй дыууæ кæй фесæфт, уый тыххæй тынг нынкъард сты., — Ех, ныр куыд уыдзыстæм , æнæ нæ фыд? — загъта чи-» дæр. Æз, цас мæ бон уыд, уыйас ныфсытæ бавæрдтон тæхджы- тæн: нырма Свитенко æмæ Слонайы фырты мардыл баныма- йынæн раджы V, банхъæлмæ кæсын хъæуы, чи зоны сæ æр- мæст æппаргæ æркодтой ебмæ искуы æрбадтысты. Æрдæг сахаты фæстæ æз ацыдтæн Ленинградмæ. Афтæ тынг мæм бахъардта дыууæ тæхæджы сæфт æмæ, æгæрыстæ- •мæй, ферох кодтон тæхджытæн арфæ ракæнын дæр. Горæтмæ куы ’рыздæхтæн, уæд телефоны фæдзырдтон Ворошиловмæ æмæ йын радзырдтон, знаджы колоннæ дæрæн кæй æрцыд, уый тыххæй. Чи не ’рыздæхтис, уыдон тыххæй йын ницы загъ- тон: уæддæр ма мæ риуы цыдæр ныфс уыдис, зæгъын, чи зоны, разыной. Мæн ныфс уымæй уыдис, æмæ Свитенко æмæ Слона- йы фырты куы ’рæппæрстаиккой, уæд хæдтæхджытæ нынныхс- таиккой зæххы æмæ ныппырх уыдаиккой, гъе та ссыгъдаиккой æмæ сæ тæхджытæй, æвæццæгæн, иу исчи рахатыдаид. Мæ зæрдæ мæ нæ фæсайдта. Куы ’рыздæхтæн, уæд, иуса- хаты фæстæ, ныццагъта мæ телефон. Систон телефоны хæтæл æмæ базыдтон Сырхтырысаджын Балтийы флоты æфсæддон- уæлдæфон тыхты командæгæнæг инæлар М. И. Самохины хъæ- лæс. Уыи хъусын кодта, зæгъгæ, сæ аэродромтæй иуы æрбад- тис «Чайка», йæ базырыл адæймаг, афтæмæй. — Уый сымахуæттæй чидæр у, Алежсандр Александры фырт, — дзырдта Самохин. — Æз уыцы уысм ахъуыды кодтон Свитенко æмæ Слона- йы фыртыл. Афтæ æхсызгон мын уыдис, æмæ фыццаг уысм ни- цы нысаниуæг радтон мæнæ ацы дзырдтæн:' «йæ базырыл адæймаг», зæгъгæ. Æрмæст чысыл фæстæдæр бакатай кодтон: 584
цымæ йæ раст бамбæрстон? Цымæ Самохин цыдæр нæ фæрæ- дыД? „ ^ Изæры æз базыдтон Николаи Свитенкойы фервæзын кæ-, ныны лæмбынæг хабæрттæ. Мæнæ куыд уыдис уый: — Аст «Чайка»-йы атахтысты хæслæвæрд сæххæст казнын- мæ. Губаницæйæ Нисковицæмæ фæндагыл цыдысты знаджы танкæтæ æмæ мотофистæг æфсад, фæндаггæрæтты та тахтыс- ты мотоциклисттæ. Колоннæйы хъахъхъæдтой зенитоп хæцæн- гæрзтæ. Свитенко сфæнд кодта знаджы радгай скуынæг кæ- ныи. Фыццаг тохмæ ба»цыдис йæ цæг. Капитан колоннæмæ штурмгæнджыты бакодта фæстæрдыгæй. Колоннæйы пулемет- тæй æхсгæйæ, Свитенко зкипажты , æрбазылдта дыккаг хатт, Дыккаг æмæ æртыккаг цæгтæ ныхмæлæууæгыл æрæппæрстой бомбæтæ. Знаджы колоннæ схæццæ: немыцаг шофыртæ инстин- ктивонæй сæ сæр радтой размæ, фæлæ разæй сыгъди дыууæ автомашинæйы æмæ ракалдысты сæ уæлæбадæг автоматчиктæ, колоннæйы иу хай ныллæууыд. «Чайка»-тæ ноджыдæр иу зылд æркодтой æмæ та зпагыл æркалдтой бомбæтæ, райдыдтой сæ ’хсын. Фæлæ уæдмæ тых- джып æхсын райдыдтой знаджы зенитон хæцæнгæрзтæ дæр. Дыккаг атакæйæ рацæугæйæ, Свитенко радта фæстæмæ здæ- хыны сигнал. Уалынмæ йæ «Чайка» цæхгæр йæхимидæг ныр- рызт, раст æй цыма бынæй исчи истæмæй сриуыгъта, уыйау: моторыл сæмбæлдис знаджы нæмыг. Кабинæйы скодта сыгъ- ды тæф. Свитенко иу каст фæкодта приборты фæйнæгмæ. Зети чи ’вдисы, уыцы приборы фат æрхаудта нолмæ. Хæдтæхæджы моторниу куы скуыста, куы та-иу фенцад æмæ машинæ бынмæ хауын райдыдта. Командирмæ уыцы уысм йæхи æввæхсты бауагъта Слонайы фырт йæ хæдтæхæгыл. Уый йæ уыцы батах- тæй капитанæн дзырдта: «Фидар лæу, командир! Æз дæ фыд- былызы сахат иунæгæй нæ ныууадздзынæн». Фæлæ мотор «хыррытт» кæнын райдыдта тынгдæр æмæ «И-153» хауын рай- дыдта уæлдæфы/Свитенко фæйнæрдæм акаст, агуырдта хуыз- дæр æрбадæн бынат æмæ хицауы цæстæнгасæй йæ фæрсты тæхæг Слонайы фыртæн бардзырд радта: «Фæстæмæ аздæх!» Фæлæ Алыбег схæцыдис йæ сау-сауид бæзджын æрфгуы- тыл æмæ йæ рахиз къухы амонæн æнгуылдзæй, цыма исты цавта, уыйау цалдæр хатты æртъæпп кодта бынмæ, стæй цы-> дæр сдзырдта, фæлæ Свитенкойы машинæйы мотор уыцы уысм бынтоидæр ахуыссыд, йæ .тахт фæкъаддæр æмæ Алыбеджы хæдтæхæг аразæй. Галнуæрдыгæй, Клопицæйы хъæуы цур, зьшдис ’æмраст фæзуат, уыцы фæзуатмæ æввахс та — хъæд. Сштенко базыдта уыцы фæзы. Уый уыдис быдырон аэродром. Уым хæсты фыццаг къуыриты бадгæ дæр къорд хæттыты æркодта. Аэродромы быдыр иууылдæр уыдис бомбæтæ æмæ сарма- дзаны (Нæмгуытæй уæрмытæ. Уæддæр æй тыхамæлттæй æрба- Дын кодта. Хæдтæхæг куыддæр зæххыл аныдзæвд, афтæ ны- 585
хъыррыстытæ кодта æмæ пилот цæмæй йæ сæр приборты фæй- нæгыл ма ныццæва, уый тыххæй йыл фидар ныххæцыдис къух- тæй. йæ парашютæй йæхи тагъд осæрибар кæнгæйæ, капитан рагæпп кодта кабинæйæ æмæ фæйнæрдæм акаст. Аэродром уыд афтид: гитлерантæ дзы нæ пайда кодтой. Уыдис сабыр а?М|га кодта цъымарайы тæф. Свитенкойы зæрдыл æрбалæууыд, ам умæл хъæд кæй ис, уый. Размæ цалдæр къахдзæфы акодта, фæлæ фæлæууыд æмæ фæкаст йæ «Чайка»-мæ. Уый, стыр цæф цъиуау, лæууыдис зæххыл. Ракетæхсæ<нæй Свитепко мидæгæй фехста кабинæ, осыгъта машииæйы æмæ араст хъæдырдæм. Фæлæ кæмдæр, Клопицæйырдыгæй æрбайхъуыстис нæрын æмæ уый фæстæ аэродромы астæу хæрдмæ фæцыдис сау-сауид зæх- хы цæджындз. Ноджыдæр спырх ис цалдæр снаряды. Уый не- мыцæгтæ æхстой минометтæй. Къуыззитт кодтой нæмгуыты схъистæ. Свитенко размæ алыгъд, цæм.æй тагъддæр амбæхса бæлæсты фæстæ. Раст уыцы тæккæ йæ сæрмæ, уæлдæфæй, æрæхъуыстис моторы нæрын. «Чайка», — йæ хъæрæй йæ базыдта Свитенко æмæ йæм уæлæ- мæ скастис. Хъæды сæрмæ разындис «И-153». йæ къæдзилыл цы иомер уыд, уымæй капитан базыдта Сло’наты Алыбегы ма- шинæйы. Алыбег, йæ сæр фæкъул кæнгæйæ, бæрзондæй кæс- у>æйæ, цыдæр амыдта йæ кЪ>ухæй. Свитенко афтæ æнхъæлдта, зæгъгæ,, йын хæрзбон кæны æмæ\йæм уый дæр йæ къух хæрз- бонгæнæджы тылд бакодта. Фæлæ Слонайы фырт атæхыныл нæ хъуыды кодта Уыцы иу зылд æркодта æмæ машинæйы бы- рынкъ фездæхта зæххырдæм. Аэродромы иумæ срæмыгъта ноджыдæр цалдæр минæйы. Йæ тæккæ кæронæй, Клопицæйы • ’рдыгæй та æрбазындыстъг знаджы салдæттæ. — Уый цы ми кæныс! — ныхъхъæр æм кодта Свитенко — Æвæстиатæй аздæх! Бар дын нæ дæттын! Капитан йæ сæрмæ йæ къухтæ дзуарæвæрд акодта — æр- бадынæн бар кæй нæ дæтты, уый /нысан. Фæлæ Слонайы фырт командирмæ нæ байхъуыста, æруагъта йæ хæдтæхæджы цæл- хытæ æмæ... «Чайка», дыууæ хатты хæрдмæ фесх>иугæйæ, æр- батылдис Свитенкомæ. Хæдтæхæджы тæккæ бырынчъы цур спырх ис М(инæ. Алыбег йæ къух тилы, (сиды капитанмæ. Свитенко йæхи баппæрста йе ’мбалм-æ. Уыцы уысм уый «æ хъуыды кодта, кæй фервæздзæн, ууыл, ахæм хъуыды йæ сæр- мæ не ’рцыд. Йæхицæи тас кæй у, уый дзы ферох ис, æрмæст хъуыды кодта Слонайы фыртыл, зæгъгæ, йæ бон «æ бауыдзæ- нис минометты æхсты бьш хæдггæхæджы стæхын кæнын, маши- нæйы дæр бабын кæндзæн æмар йæхæдæг дæр баззайдзæн зна- дл<ы фæсчъылдым. — Алыбег! — йæ хъæлæсыдзаг иыхъхъæр кодта уый.— Æвæстиатæй тæхгæ! Зæгъын дын, æвæстиатæй! 586
Свитенко, æгæрыстæмæй, Слонайы фыртмæ бартхъирæн кодта тымбыл къухæй дæр. — Командир! — райхъуьистис æм моторы унæрæй Алыбе- джы хъæлæс. — Тагъддæр! Сгæпп кæн хæдтæхæджы базырмæ! Свитенко æрмæстдæр уæд бамбæрста, Слонайы фырт цы "рхъуыды кодта, уый. Хæдтæхæгмæ балидзгæйæ, капитан схыз- тис рахизæрдыгæй бинаг базырмæ æмæ йæ къухтæй фидар ньтх- хæцыдис згъæр расчалкæтыл. — Фидар хæц, командир! — ныхъхъæр æм кодта Слонайы фырт æмæ радта «газ». «Чайка» йæ бьгаатæй фенкъуыст æмæ, йæ лыгъд фæтагъддæр кæнгæйæ, афардæг- ис быдыры. Гитле- ронтæ хæдтæхæджы ’хсын райдыдтой автоматтæй. Сырхстъа- лыджын уари сæ сæрты уæлдæфмæ сфардæг æмæ йæ сæ цæст дæр нал ауыдта. Бирæ нæ фæтахтысты — æдæппæт дæс минуты, фæлæ уый Слонайы фыртæн уыдис ныхмæлæууæджы иууыл стырдæр штурм кæнынæй бирæ зындæр. Уый тарсти, зæгъгæ, командир нæ бафæраздзæн дымгæйы æлхъывд, йæ тыхтæ <не сфаг уы- дзысты æмæ рахаудзæн хæдтæхæджы базырæй. Дымгæ Сви- тенкойы сæрæй аскъæфта йæ худ æмæ йæ кæсæнцæстытæ, над- та йын йæ сæры хъуьгнтæ, йæ цæстытæ, йæ сæрак реглан ын ныддымдта, науы кæттагау. Йæ уæзæй хæдтæхæг иуырдæм къул кодта. Слонайы фырт æгасæй дæр доныхуызæн фестадис, кусын кодта рулты, цæмæй «Чайка» иуырдæм ма æрзылдаид, уый тыххæй. Уальинмæ разæй разынд Фины донбакæлæн. Ам кæмдæр, Стрельняйы цур, ис балтиæгты аэродром. Далæ, гъе, фæнда- гæн ра-хизырдыгæй. Тагъддæр! Тагъддæр! Алыбег фæстæмæ фæкаст Свитенкомæ æмæ йын къухæй ацамыдта уырдыгмæ. Свитенко йæ сæр батылдта: бамбæрста йæ æмæ тынгдæр нылхъывта: йæ къухтæ æмæ йæ риуы. Йæ бон нал уыдис, йе-’нгуылдзтæ ныссалдысты, расчалкæты цырп^ кæрæттæ йæ армы нынныхстысты (суаиг фыдты онг. Ноджы ма цалдæр секунды — æмæ зæхх. Фæлæ уыдои куыд даргъ уыдысты, куыд! Боныфæстагмæ, Слонайы фырт ма- шинæйы фездæхта зæхмæ æмæ зæххыл аныдзæвдысты цæлхы- тæ. Свитенкойы тынг сцагъта. Мотор дæр йæ кусынæй банцад. Свитенко тых æмæ фыдтæй суагъта йæ салд æнгуылдзтæ æмæ дæлгоммæ æрхаудта зæхмæ. Слонайы фырт уæдмæ кабинæ- йæ рагæпп кодта æмæ командиры фелвæста йæ хъæбысмæ. Бы- дыры сæ размæ лыгъдысты, денджызон формæ <кæуыл уыд, ахæм адæм. Уыдон уыдысты «æхиуæттæ. Алыбег, капитаныл хæцгæйæ, загъта: — Æппæт дæр у фæткыл, мæхи командир. Нæхиуæттæ сты. Æз Свитенкойы^куы бафарстон, зæгъын, уый * дæр ахæм сгуыхтдзинад саразынмæ йæ ныфс бахастаид, уæд мын Нико- лай Иваны фырт æиæхинæй ахæм дзуапп радта: «Нæ зонын». Фæлæ ахæм дзуапп .мæнæм тынгдæр бауырнын кодта, Свитенко 587
дæр, æиæахъуыды кæнгæйæ, дыфæнды уавæры дæр йе ’мбалы кæй фервæзын’ кодтаид, уый. Уыцы йстори уайтагъд^ айхуыстис æппæт дунейыл. Амери- кæйаг газетты Слонаты Алыбеджы сгуыхтдзинад схуыдтой «чи никуыма уыд, ахæм, дунейы авиацийы анналты зыидгонд чи уыдис, уыцы сгуыхтдзинæдтæй иууыл стырдæр». Уый, кæй зæ- гъын æй хъæуы, æххæст афтæ ’нæу. Кæрæдзи фервæзын кæньг ны ахæм цаутæ махмæ уæдыонг дæр уыдысты, æцæг ахæм зын уавæрты нæ. Иудзырдæй, ахæм фактты апп, цас сты æмæ цас хъайтардзинад равдыстæуыд, уый мидæг (Нæй. Махæн уыдоны бындурон зынаргъдзинад æмæ стыр нысаниуæг ис æндæр хуыд- даджы: Свитеекойы фервæзын кæныны историйы ноджыдæр бæлвырд разындысты советон хæстонты уыцы стыр ]моралон гъæдтæ, кæцытæ систы, ныхмæлæууæг кæй нæ бахынцыдта, уьг цы «сусæггаг хотых». Уыцы хотых нын радта ка-нд хæсты иууыл уæззаудæр рæс- тæджы бафæразыны нæ, фæлæ ма тæрæзты уæз нæхирдыгæй фæфылдæр кæныны, стæй нæ Райгуырæн бæстæйы намыс æмæ хæдбардзинадмæ фæныхилæг карз æмæ тыхджьш знаджы ныд- дæрæн кяаньшы фадат.
Созæты Андрей ТАБОЛТЫ ЦЫППАР ÆФСЫМÆРЫ Мызурмæ куы фæцæйхæццæ кæнай, уæд поселочы кæрон, фæргдаджы рахиз фарс, фендзынæ æфсымæрон ингæн. Дар.гъ цæнгæт бруйы мидæг — цыппар æмхуызон цырты, сæ уæлæ — хуызистытæ. Уыдон Таболты цыппар æфсымæры — Васили, Ми- хал, Гаврил æмæ Иваны цыртытæ ст>1. Æфснайд уаты бадæм æфсымæрты хо Домæимæ. йæ фæ~ лурс рустыл цæстысыгтæ хъуызæгау æртулынц. Нæ разы чы- сыл стъолыл бирæ æртæтигъон фыстæджытæ.^ йæ риумæ сæ балхъивы Домæ. Æвдисы мæм бур гæххæттыты донхъулæттæ. /—Уыдон Ныннайы (афтæ хуыдтой æфсымæртæ сæ мад Фа- гшйы) цæстысыгтæ сты. Иæ амæлæты бонмæ фыстæджыты цух нæ уагъта. Уыдонмæ кæсгæйæ-иу дзынæзта... Дом.æ нæм æвдыста, æфсымæртæн немыцат фашистты ных- мæ хæсты сæ æхсардзинæдты тыххæй цы бирæ ордентæ æмæ майдантæ лæвæрд æрцыди, уыдон. Дзырдта, лæппутæ хæсты ра&мæ куыд цардысты, куыд ахуыр кодтой, уыдæттæ. Хистæр, Васили, уыди коммунист, бирæ азты дæргъы фæ- куыста раздæры Садомы районы газеты редакторæй, уый фæс- тæ — райæххæсткомы хæстон-мобшшзацион хайады сæргълæу* уæгæй, Василийы кæютæр Михал куыста зынгсирвæзт хуыссын- гæнæг командæйы хицауæй. Кæстæр æфсымæртæ — Гаврил æмæ Иван та ма скъолайы ахуыр кодтой. Хæсты райдианы Таболты Нииъалайы цыппар сахъ фыр- ты ацыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. Сæ фыд Никъала сьщ фæдзæхста: «Ма ’рхæссут æгад уæ сæрмæ...» Фырттæ кадимæ сæххæст кодтой сæ урсзачъе фыды фæ~ дзæхст. Уый тыххæй æгъгъæд æвдисæн сты, «сæ хо ДохМæ нæм цы ордентæ æмæ майдантæ ’вдыста, уыдон дæр. Украинæйы зæххыл, Кубакы æмæ Сталинграды цур карз хæстыты хъæбатырæй фæмард сты кæстæр æфсымæртæ — Михал, Гаврил æмæ Иван. Гвардийы * лейтенант Васили уыи 589
ТАБОЛТЫ ЦЫППАР ÆФСЬШÆРЫ МИХАЛ ГАВРИЛ ИВАН ВАСИЛ 590
,/ куы фехъуыста, уæд ард бахордта йе ’фсымæрты туг гитлерон лæгхортæй райсыны тыххæй... Кæсæм Василийы фæстаг фыстæг йæ ныййарджытæ Ни- къала, Фатъи æмæ йæ хо Домæмæ: «Ма кæут! Æз зонын, Ми- хал, Гаврил ’æмæ Иван хъæбатыр мард кæй акодтой иæ адæ- мы, нæ уарзон Райгуырæн бæстæйы сæраплонд. Уæ зæрдæ мыл дарут; цалынмæ мæ буары туджы ’ртах уа, уæдмæ æз фашист- ты кæй дæрæн кæндзынæн, райсдзынæн сæ ме ’феымæртытуг»... Æмæ райста, Тулкалæн хæстытæ цыдысты Ужгороды цур. Гитлеронтæ фидар хъахъхъ|эенæнтæ сарæзтой горæты скæ- сæн кæрæтты. Иу танкон атакæ арæзтой иннæйы фæдыл. Ма- хонтæ-иу танктыл арт-пиллон бафтыдтой, ныццагътой-иу сын сæ фистæг æфсæддонты сæдæгæйттæй. Уыцы карз хæстыты хъæбатырæй фæмард ротæйы командйр шстæр лейтенант Гар- бузов, æмæ комавдиры хæстæ йæхимæ раиста Таболы фырт. ...Мæнæ та, сæ’ сармадзантæй сау мæлæт таугæ, æрбабыр- сынц фынддæс «Тигры». Ирон хъæбатыр командир Таболты Васили таккты хæстæ^г æрбауадзын кодта, стæй æвиппайды сбогъ-богъ кодтой ротæйы танкцæвæн хæцæнгæрзтæ, тæхын байдыдтой гранаттæ. Фашистон танкæтæй аст сæ мидбынæтты æрлæууыдысты æмæ, пилл’он уадзгæ, бамынæг сты. Иынæтæ фæзылдьисты фæстæмæ. — Райгуырæн бæстæйы сæраппонд—размæ! — райсомы уæлдæфы дардыл фехъуыст Василийы хъæлæс æмæ, йæхæдæг разæй, афтæмæй æд ротæ абырста... Горæтмæ хæстæг бацахста знаджы цалдæр фидары. Уыцы тохы махонтæ уацары райстой бирæ салдæттæ æмæ афицерты, бирæ трофейтæ. Уæззау цæф фæуæвгæйæ, амарди Ваюили. Йе ’мб’æлттæ йæ кадимæ баныгæдтой æфсымæрон ингæны. йæ мæлæты фæстæ йын лæвæрд æрцыди Фыдыбæстæйы хæстыЛ-аг къæпхæны ор- ден. Уый йын уыди цьшпæрæм хæстон хæрзиуæг. Нæ рох кæнынц ужгородæгтæ ирон хъæбатыр лейтенант Таболты Никъалайы фырт Василийы. Цы æфсымæрои ингæны ныгæд !ис, ууыл æдзух æвæрьинц дидинджытæ. Фашистон ок’ку’Панттæм карз хæстыты нæ Райгуырæны, нæ адæмы юæраппонд йæ цард чи радта, Таболты уыцы цып- пар æфсымæры — Васили, Михал, Гаврил æмæ Иваны мысынц, кæй æхсæн райгуырдысты æмæ схъомыл сты, уыцы фæрныг адæм — мызурæгтæ. Сæ цыртытæм сын зилынц. Фæскомцæди- сонтæ æмæ скъоладзаутæ сыл арæх сæвæрынц дидинджытæ... Рзезгæ фæсивæд ахуыр кæнынц уыдон традицитыл, тырнынц уыдоны хуызæн Райгуырæн бæстæ бирæ уарзыныл, уыдоны хуызæн хъæбатыр суæвыныл. Мызуры астæуккаг скъоламæ бацæуæны къулыл конд æрцыди гранитæй арæзт мемориалон фæйнæг. Фæйнæлыл ис фыст: «Ацы’ скъолайы ахуыр кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты нæ Райгуырæны сæраппонд хъæба- тырæй чи фæмарди, Таболты уыцы цыппар æфоымæры — Ва- сили, Михал, Гаврил æмæ Иван...» 591
Тасойты Баграт ФÆСТАГ НÆМЫГ 1945 аз. Фæцис Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Здæхтысты сæ хæдзæрттæм, сæ зын æмæ тугæрхæм фæндæгтæй рæнхъон хæс- тонтæ æмæ афицертæ. Уыданыл стыр цинимæ æмбæлдысты фæндæгтæй нæ тохы бæлццæттæ, Фæлæ ’бирæтæн... ...Иу бон Тамарашены колхозы постхæссæг бахоста Тасой- ты Уанойы кæрты дуар æмæ йæ хызынæй оиста æртæтигъон фыстæг. Бацин кодтой бинонтæ. Самсонæй бæрæг хабар, зæгъ- гæ. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста. Фыстæг Самсонæй нæ, фæ- лæ у цавæрдæр А. Световæй. Коиверты разыид Самсоны ныййарджытæм чысыл фыстæг æмæ газеты лыггаг ахæм сæримæ: «Последняя пуля Сергея Тасоева». Афтæ йæ хуыдтой йæ хæстон æмбæлттæ Самсоны. Газеты фыст уыд: .«Уый уыдис Украинæйы иу цæрæн пункты сæрыл тохты рæстæджы. Танкты ныхмæ тохгæнæн æхсæнгарзы ротæйы ко- мандир, гвардийы лейтенант Тасойты Сергей архайдта пх* хæстонтимæ галиуæрдыгæй фарс. Немыц ардæм æрбакалдтой сæ сæйраг тыхтæ. Æппæт амæлттæй дæр архайдтой атакæйы рацæуыны агъоммæ нæ хъахъхъæнынадон хахх атоныныл. Гвардионтæ знагæн лæвæрдтой аккаг ныхкъуырд. Лейтенант Никитин æмæ Сержанг Снежко сæ пулеметы æвæрдтой æр- тыккаг лентæ. Знаджыатакæ фæсыкк, фæлæ уæддæр ногæй бырынц размæ. Бардзырд уыд, цæмæй нæхиуæттæ æрцахсой ног хъахъхъæдадон хахх. Тасойы фырт ифтонг кодта йæ ро- тæйы хæстонты рацæуæнтæ. Уый хуыссыд акъопы ротæйы пар- торг Никитинмæ хæстæг æмæ куынæг кодтой знаджы салдæт- ты æмæ афицерты. 592
— Зæгъ-ма, парторг, — дзырдта уый фæстæ Никитинæн Тасойы фырт, — зæгъ, раст архайдтам, æви нæ? —-Раст, раст, æмбал гвардийы лейтенант, — сфæлхатт кодта Никитин. Уæд та Тасойы фырт погæй æрхуыссыд танкæ- тæ куынæггæнæн æхсашгарзы цур. Нысанмæ систа ададжы оæрты гæпгæнæг немыцæгты. Нысан нæ ивгъуыдта æмæ знæг- тæ радгай тылдысты, чи та дзы ададжы хаудта. Фæлæ æвип- пайды фенцад Тасойы фырт йе ’хсынæй. Сыхъуыст йæ хъæрзын я*мæ дæндæгты хъыс-хъыс. Хæлæн нæмыгæй фæцæф сты йæ дыууæ къахы дæр. — Хæсгæ, хæсгæ, æрмювст арæхстгай! — бардзырд радта парторг Никитин ротæйы хæстонтæй иуæн æхсын, цæмæй сыл знаг мауал сæмбæла. Уый фæетæ Никитин базыдта, Тасойы фырты æмæ йæ цы салдат хаста, уыдоныл немыц кæй æрхъула кодтой. Мард æфоæддоны фарсмæ, йæ иу къухæй зæххыл æнцой кæнгæйæ, хуыссыд гвардийы лейтенант Тасойты С. æмæ пис- толетæй æхста. Æрхаудта иу немыцаг, дыккаг, æртыккаг, цып- пæрæм. Командкр тагьд-тагъд ныккаст йæ пистолеты обоймæ, æмæ уыцы тæккæ уысм, немыцæгтæ йæ удыгасæй аскъæфын- мæ куыд хъавыдысты, афтæ фæстаг иунæг нæмыг ауагъта йæ æхсидгæ, Райгуырæн бæстæйæн кæронмæ лæвæрд зæрдæйы. Фæцис советон афицеры цард, фæлæ йæ ротæйы гвардион- тæ алы тохты дæр дывæрæй истой оæ уарзон командиры маст æмæ уыцы мастисæн тохтæ уыдысты æнæбасæтгæ. Гвардийы старшинæ А. Светов. Газет «Удар по врагу». Тасойты Иваны фырт Самсон Райгуырди 1914 азы Хуссар Ирьистоны Цхинвалы районы Брилийы хъæуы мæгуыр бинон- ты ’х-сæн. йæ фыд Уано цардагур бирæ фæрахау-бахау код- та. Йæ райгуырæн хъæуæй фæхицæн 1919 азьт. Цалдæр азы фæцард Цæгат Ирыстоны, Ногиры, стæй та ралыгъд Хуссар Ирыстонмæ, цард горæт Цхиивалы, уыд Цхинвалы райоиы Та- ма^ашены колхозы уæнг. Уырдыгæй 1946 азы алыгъд Цæгат Ирыстонмæ æмæ ныртæккæ дæр цæры, Самсоны кæстæрæн цы сывæллæттæ ис, уыдон æмæ йе ’фсымæртимæ Сунжæйы. Самсон фронтмæ ацæуыны агъоммæ Цхинвалы æмæ Дза- уы районты бирæ хъæуты куыста ахуыргæнæгæй. Хæсты фыц- цаг бонты ацыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæныимæ æмæ уый сæрыл æрхаста йæ сæр. 38*
Хъороты Сослан ПОЛИТРУК Æрыгон салдæттæм Георги ахуыргæнæджы хуызæн каст. Æвæццæгæн, адæм сæхæдæг куыд алыгъуызæттæ сты, афтæ ахуыргæнджытæ æмæ, политруктæ дæр. Фæлæ уæддæр полит- рук æмæ ахуыргæнæг иу кæм сты? Æмиу, чи зоны, фаззæттау, æддаг бакаютæй, сæ функцитæм гæсгæ сын ис иумæйагдзинад. Зындгонд у: юкъоладзауы раз ахуыргæнæг у уæларвон дæсны, хуыцауы æмсæр зæххон лæг. Æдзухæй дæр разæй цæуы, гæр- ды, <амоны фæндаг. Гъе, уымæ гæсгæ хуыдтой сæ политручы ахуыргæнæг 62 армийы 117 батальоны салдæттæ. Георги, ахуыргæнæгау, æппæт дæр зыдта, алы фарст дæр- иу раст райхæлдта, бамбарын кодта. О, фæлæ, м,æ хур акæ- най, знаджы нæмыгмæ йæ риу даргæйæ, мæлæты дзыхмæ цæ- уэаг адæймаг алы хатт ^æсугъд дзымандытыл кæм æууæнды. Æмæ Георгийыл æууæндыдысты, хъуыстой йæм. Æууæндыдысг 7Ы нæ, фæлæ-иу æй æфхæргæ дæр акодтой хистæртæ, фронты раззагдæр хахмæ йæхи æгæр арæх кæй æппæрста, уый тыххæй. Ахæм ныббырст, тох нæ уыдаид, иу госпиталы ма хуыссыдаид, уый йедтæмæ, Георги йæ батальонимæ кæм нæ хæцыд. Уый та Геортийæн лæвæрдта æмбисонды æрмæг. Зыдта алы салдаты удыхъæд, зондахаст, хъару, тых, ныфсхастдзинад æмæ тæппуд- дзинад, маддуне æмæ психологи. Уый Георгийæн, хосау, ахъаз кодта: алы адæймаджы тыххæй дæр дзырдта зæххон рæстдзи- над. Иæ алы дзырд дæр уыд æхцон, сæууон хурау, ныфсдæд- таг. Марадз зæгъ, уæддæр Георги йæ куыстæй разы нæ уыд. Цалдæр хатты фæнд дæр акодта политручы куыстыл йæ къух 594
сисыныл. — Дæ дзырд дын куьшæ июой, уæд ацу æмæ дзæгъæ- лы дзæнгæда цæгъд,^—сагъæсты-иу афардæг æрыгон политрук. — Сæ хæдзар фехæла, цавæр дин у. Махмæ дæр хуыцауæн куывтой, дзуармæ дæр цыдыстæм. О, фæлæ ие знаг, нæ марæ- гæн/ кувæндоны бын Дæр нæ барстам. Уæд адон цавæр марг сты, адæмы хъæр, маст æмæ тæригъæд €æм куьшнæ хъары». Цæвиттон’, Георгийы батальонмæ бахаудта цалдæр бапггис- ты. Цы нæ хуызы сæм бацыд, лæгъзтæйæ, тызмæгæй — нæ сас- тысты. «Мах нæ къухмæ хæцæнгарз никуы райсдзыстæм, куы райсæм, уæддæр, табу Аллахæн, никæй амардзыстæм» — цы-^ быртæй уыд сæ дзуапп. Командир-1иу 1сын сæумæрайсом топп, пулемет сæ уæхскыл куыд æрцауыгъта, бон изæрмæ-иу сæафтæ фæрахæсс-бахæсс кодтой æмæ-иу .æхсæвы дæр æд мигæнæнтæ ныссадысты. Дзырд- той-иу: «Сисæд æй, чи ;ныл æй æрцауыгъта, уый. Мах æм къу- хæй не ’вналæм». Кæй зæгъын æй хъæуы, политрукæн зын нæ уыд ахæм адæмты æфхæрын, асыгъдæг кæнькн. Георги фарст ахæм хуы- зы райхалын нымадта йæхи лæмæгъдзинадыл. Хылмæ-иу æр- цыд хистæршмæ: «Сырд дæр зоны æмæ тох кæны йе знæгти- мæ, уыдон та адæ,м сты, ма бамбарой æппæт дæр, уый гæнæн нæй». ’ ’ Талынггæрæттæ... Митуазал... Фæллад, мæстджын æмæ зæрдæдихæй æрыздæхынц батальоны салдæттæ хæцæиæй. Знаг йæ быцъынæг скъуыдта Сталинградмæ. Æвæццæгæн, уыцы боьг дунейы мидæг хæцæнгарз никуыуал баззад. Георгимæ аф- тæ дæр каст, цыма Нартæ цы хуыцæуттимæ хæцыдысты, уыдон дæр растадысты æмæ сæ хотыхтæ уæлсйæ, арвæй, дæлæмæ æрдардтой. Æнæмсæр тохы бацыдысты лейтенант Михаил Паникакы бронебойщиктæ, Петр Болото, Петр Самайлов, Анатолий Бели- ков, Иван Олеймиков æмæ ’ндæртæ, 33 бронебойщикы хæцы- дьЛты знаджы 70 танчы æмæ дыууæ ротæйы фистæг æфсады ныхмæ. Михаилы танк фæцæф, пиллон суагъта. Цъус раздæр йæ пысултыл ныккалд судзгæ тæнгъæд. Мæлæт дзы йæ сау тæ- ригъæддаг дзæмбытæ ныссагъта. Михаил танкæй рагæпп кодта. йæ къухы дыууæ æрдæг авджы хæлæн тæнгъæд, афтæмæй лæ- буры лæгдыхæй знаджы танчы «ыхмæ. Фашисттæ худынц, сæр- ра, дам, ис æмæ йыл танк тынгдæр æрбатæрынц. Михал, кал- мау, знаджы танчы бын фæмидæг æмæ йæ мæлæтæй сау фæ- нык фестын кодта знаджы танк æд хæстонтæ. Михаилы æртхæрæн хъæбатырдзинад базыртæ басагъта æппæт хæстонтыл, асаста знæгты ныфс, хъару, тых. Изæрмил- тæм ма дзы аззад цалдæр танчы æмæ хæцæнæй сæхи æгады ист акодтой... Цæуынц салдæттæ сæ политрукимæ æнкъардæй. Удау ад* джын, æфсымæрау, уарзон хæстонты мæлæт сæ цавæрдæр са- 595
гъæстыл бафтыдта <æмæ цæуынц æгуыппæгæй. Æрдузмæ куы ’рбахæццæ сты, уæд разæй чи уыд, уый йæ къухфæхъил кодта, салдæттæн зæхмæ ацамыдта. Иууылдæр зæхмæ æркалдысты, сæ хотыхтæм фæлæбурдтой, уыдон уыдысты афтид. Æрдузы фалейæ бæгънæг урс-урсид бæлæсты астæуты разынд æнахуыр ныв. Æртæ фашйсты, бирæгътау, сæхи ныццавтой иу бричкæ- йыл. Уайтагъд дзы раппæрстой дыууæ зæронд лæджы, цалдæр усы æд сывæллæттæ. Рæнхъ сæ алæууын кодтой, аджигул сæм ластой æмæ сыл пулемет аскъæрдтой. Сæхæдæг, цыма ницы, ’рцыд, æнæфсæрмæй бричкæмæ схызтысты. Уыиы иывмæ кæогæ- йæ, салдæттæн сæ цæссыг акалд, сæ къудты фыдтæ сыхсыдтой, Георги й,æ наганмæ фæлæбурдта. Баптист Мамедов ын йæ къух ацахста, стæй, бар нæ ракургæйæ, йæхи хъæдмæ аппæрста æд пулемет. Салдæттæ сыргъуыйау сты. Мамедов, дам, сæрра. Рох Дæр сæ баци, абон дæр та нæ фехста, йæ хæцæнгарз дзаг у гилдзьгтæй, уый. Немыцæгты фæсяийæ басырдта, куы сæм бав- - вахс, уæд сыл æнæхъæн лент аскъæрдта. Дыууæйæ, хоры куы- рйстау, æрхаудтой. Сæ иу ма хъæдмæ фæцæйлыгъд, фæлæ уый дæр тагъд фæхъил. , ’ Тасойты Георги цы дæлкъордæн командæ кодта, уыдон скуынæг кодтой 300 салдат æмæ афицёры. Георги йæхæдæг амардта æртæ фашисты. Тасойы фырты патриотизм æмæ хъæ- батырдзинад уыд паддзахадон хорзæх «Сырх Стъалы»-йы ак- каг. Райста йæ 1942 азы. Хъæрзыдта, уæззау низæй сæйæг рынчынау, æфсымæрон Польшæйы зæхх фашистты æлгъаг къæхты бын. Æмæ æ-нхъæл- мæ каст Сырх Æфсады æххуысмæ. Георги сын рæстæгыл фæзынд æххуысмæ. Изæрмилты æрынцадысты Вислæйы былгæрон. Изæрмилтæ. Цæуы æфсæд- дон хайы полмтсоветы рабадт. Дзырд цæуы, Вислæйыл кæд" æмæ куыд ахизой, ууыл. — Æхсæв хæрзцыбыр у, — дзырдта Георги, — стæй бон цъæх кæнын райдайы кæрккуасæнты. Мæнмæ гæсгæ, æппæты хуыздæр рæстæг у 3—4 сахатыл. Георгийы фæндоныл иууылдæр сразы сты, лодкæтæ æрцæт- тæ кодтой æмæ райсом талынгæй бахъуызыдысты знаджы ба- тарейты расчетмæ. Фынæйæ сæ баййæфтой. Цы сын хъуыд, уыи сын куы бакодтой, уæд бадзырдгонд нысан февдыстой се ’мбæлт,- тæн, æмæ уадид æнæхъæн батальон уым февзæрд. Æмдых, æм- зондæй, сæумæдæвдæгæй знаджы фидæрттæн ахæм цæф нык- кодтой, ахæм, æмæ мысты хуынкъ туманæй агуырдтой. Хæст цыд йæ кæронмæ. Дзырд дæр ыл нæй, искæй зæххыл æнцондæр хæцæн у. Фæлæ Георгимæ цæмæндæр зындæр каст. Политрук хъуыды кодта: нæ хъæбатырдзииад фехъуыстой, фед- той дунетæ. Равдисын ма нæ хъæуы советон лæджы уæздан- дзинад, егъау намыс æмæ гуманизм. Ууыл цъус нæ куыста сал- дæттимæ, ууыл хъуыды кодта госпиталы дæр. Уымæн раздæр 596
рацыд госпиталæй дæр. йæ цæфтæ байгас сты, ирвæзгæ кæй акодта мæлæтæй, уымæй дохтыртæй бузныг нæ уыд, дис та йыл абон дæр кæны. Нæмыг сæмбæлд йæ тæккæ риуыл, зæрдæйы сæрмæ æмæ фæстæмæ фесх’Ьиудта. Фесхъиудта ,æм& æрмæсг йемæ ахарта, Георги 1942 азы цы «Гвардион значок» райста,' уымæн йæ иу йортыццаг хай. Уьщы хæсты тыххæй командиры хæдивæг майор Уткин фыста Советон Цæдисы Уæлдæр кома’л- дæкæиынадмæ. «Берлинмæ бацæуæны, æмбисонды фидаргонд, стратегион нысаниуæг кæмæн уыд, йæ бæрзæнд 63 метры кæмæн уыд, уьг цы мæсыг сисыны тыххæй 1945 азы 1, 18, 19 апрелы Тасойы фырт уæндонæй, аив жмæ тынг раст сорганизаци кодта комму- нисттæ æмæ æнæпартионты, сæ разы цы ахсджиаг æмæ вазыг-' джын фарст лæууыд, уый сæххæст кæнынмæ. Йæхæдæг Тасойы фырт, фвдар исгæйæ, уыд раззагон хæстонтимæ æмæ йæ хъæба- тыр тохæй цæвиттон æвдыста, размæ хуыдта æппæт салдæтты, Райгырæи бæстæйы сæрвæлтау мæлæтдзаг тохмæ. Фидары сæрмæ куы схæццæ сты, уæд Георги кæд уæззау цæфтæ фæцис^ уæддæр нæ ныууагъта йе ’мбæлтты тохы быды- ры, цалыимæ знаджы йæ зонгуытыл >нæ федта, уæдмæ. Тасойы фырты хъæбатырдзинад у паддзахадон хорзæхæй «Фыдыбæстæйы хæсты I къæпхæны» ордены аккаг. Æнустæм зæрдыл чи фæлæууы, ахæм боитæ бирæ нæ вæййы лæджы цар- ды. Нæ рох кæны, 1945 азы 27 апрель Георги æмæ ма йæ ба- тальонæй гас чи ис, уыдонæй дæр. Уыцы бон дæр та «хивæнд- ми» бакодта политрук. Бардзырд ын уыд: «Зноны тохы чи фес- гуыхт, уыдон документтæ, номхыгъдтæ сцæттæ казнын». ...Уалдзæг уыд, уалдзæг. Æмæ цы хуызæн. Æрдзыл цыма гауызтæ байтыгьдæуыд, бæлæсты цыма дысон исчи чъырæй рацагъта, уыйау урс-урсид дардтой. Кæй æвдæлд фыссынмæ, кæд ма уæлахшы бднмæ баззад æртæ боны... (^...Фæцæуынц та хæцæны. Империон канцеляримæ ма сæ 300 метры хъуыд, афтæ сыл æнæнхъæлæджы немыц хæрхæмбæлд фесты. Карды бын оххытæй нал уыд. Хæст бацайдагъ, æмæ цы хуызæн? Георги, капитан Смирнов æмæ цалдæр салдаты сæхи фæтылив кодтой, знаджы афæлывтой æмæ йæ фæсчъылдымты дыккаг уæладзыгмæ сирвæзтысты. Бон баизæр. Æхст басабыр. Æрбахæццæ немыцы æхсæвæр. Куыддæр немыцаг салдæттæ æхсæвæрыл æрбадтысты, афтæ сыл гранаттæ ныккалдтой. Хъыпп-сыпп сæ ничиуал бафæрæзта. Ныр Берлины тох цыд альт^ уæладзыг, алы хатæны дæр. Æппæт дæр басгæрстой. Под- валмæ куыддæр бахызтысты, афтæ знаджы гранат капитан Смирновы йæ тæккæ аст^æуыл атæхын кодта. Георги æидæр ни- Цы уал федта æмæ базыдта... Зæлланг кæны госпиталы æртхæрæны музыкæ. Радиойæ хъуысынц цин, зард, кафт^ худт... Советон адæм, æниу канд советон ^адæм нæ, —дунейы дзыллæ уалдзæджы тæмæны зары цардыл, сæрибардзинадыл; Сырх Æфсады уæлахиздзинадыл. 597
Георги йæхи æрæмбæрста, хъусы алцы дæр, фæлæ уынгмæ ру- дзынгæй акæса, уый йæ бон нæу. Зæнг æгасæй йæ уæлæ нал ис, уæззау, мæлæтдзаг цæфтæ судзтæ, уыраугæ >рыст кæнынц... 1946 азыянварь. Тасойты мыггаг кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг згъорстой. Захары фырт, дам, хæстæй æрцыд! Судзгæ уазал никæй баурæдта. Иууылдæр æрæмбырд сты куывдмæ... Цинтæг хъæоыстæ кæнынц, рагæй кæй нæ федтой, уыцы бæлццоныл. Йæ риуæй сæ цæстытæ нал исынц. Политручы дæрдджын ките- лыл тæмæнтæ калынц: «Фыдыбæстæйы хæсты I æмæ II къæп- хæны», «Сырх Стъалы», «Сыр,х Тырысайы» ордентæ æмæ цып- •пар майданы. Кæд хæсты фæстæ Георгийæн æппæт дæр фаг уыд, уæддæр æввонгæй цард йæ сæрмæ не ’рхаста. Куыстадон фронты дæр кæддæриддæр уыд æмæ ис разæй. Дзæвгар азты фæкуыста Цхинвалы ’горсовет æмæ торсобесы бæрнон быназтты. Ацы фæс- таг азты кусы Хуссар Ирыстоны бастдзинады Управленийы ка- дрты хистæрæй æмæ парторганизацийы секретарæй. Георги йæ зæрдæйы цæхæрæй æдзух рухс кæны алы связисты фæндат. Йæ царды стыр фæлтæрддзинадæмæ æмбаргæ хъуыдытæ никæмæн хæлæг кæ.ны. Коллектив цæмæй æнгом уа, куыстыл æнувыд, ууыл хардз Кæны стыр хъару. Бинонты уарзт æй уымæн кæ- нынц бастдзинады кусджытæ иууылдæр.
Хъуылаты Чермен ЗÆРДÆЙЫ НОСТÆ Нæ разы ис, йæ гæххæтт ^рæстæджы фæдтæй 1кæмæн сбури æмæ йæ дыдагъгæнæнтæ сасиры хуызæн кæмæн аисты, ахæм фыстæг..йæ автор... бæхджын æфсады полчы æфсæддон дох- тыр Верæ Пилюк. Ирыстонмæ йæ сæрвыста 1943 азы 23 июны. Цæвиттон, уыцы полчы номдзыд командир, Советон Цæдисы Хъæбатыр Æхсараты Энвер куы фæмард, уæд йæ бинонтæ Ве- рæмæ ныффыстой, кæд æм хуызистытæ авмæ æндæр гæххæттытæ баззадис, уæд ныл сæ сæмбæлын кæн, зæгъгæ. Уый йæ дзуап- пы фыссы: «...Энвермæ разындис æрмæстдæр цыппар хуызис- ты. Æртæ — йæ бинойнаг Алимæтæй, цыппæрæм — йе ’рдхорд Тауытты Данелæй. Данел фæмарди фарон сæрд, знаджы æр- хъула ратоныныл хæст куы стынг ис, уæд». Æмæ ныр адæймагмæ тыхджын цымыдис кæсы, йæ «амæ- л^тыл» æнусы цьшпæрæм хай кæмæн рацыдис, уыцы Данели- мæ ныхас кæнын. Нос, дам, хæстоны фидауыцджын кæны, —> дзырдтой-иу фыдæлтæ. Æмæ ахæм «фидауыцтæй» хъуаг нæ баззадис Данелы цæсгом, иннæ буар. Фæлæ уыцы носы тых* хæй бирæ дзурын нæ уарзы. Тауыты фырт æнæзивæг радзуры йæ хæстон гуыргъахъ фæндæгтæ, йæ зæрдæйы носты тыххæй. Ноджы æхсызгондæрæй дын ракæндзæн Энверы хабæрттæ. йæ хæстон цард райдыдта 1937 азы. Уæд æй акодтой Сырх Æфсады службæмæ педагогон институты дыккаг курсæй. Ба- хаудис Цæгат Кавказы адæмты национ бæхджын æфсады бри- гадæмæ. Уымæй афæдз фæстæдæр бригад хæлд æрцыдис æмæ йын йæ иу хай арвыстой Астæуккаг Азимæ. Уым Данелæнты- стджынæй каст фæцис кæстæр командиры скъола æмæ куыста эскадроны старшинæйæ. Хистæртæ уайтагъддæр бафиишайдтой 599
æрыгон лæппуйы æвзыгъддзинад, уый æнæкæрон уарзондзинад æфсæддон хъуыддагмæ æмæ йæ арвыстой командирты курсы- тæм. Фараст мæймæ сæ каст фæцис. Дарддæр службæмæ йæ арвыстой нæ бæстæйы æппæты хуссайрагдæр горæт Кушкæмæ. Уым ын йæ бæрны бакодтой бæхджын æфсады взвод. Данелæн йæ ног бынаты суанг фыццаг бон йæ хъустыл ’ æрцыдис, сæ полчы кæй службæ кæны бæхджын пулеметæйæхсæг эскадроны/ командир Æхсараты Энвер. Æхсызгон ын куыннæ уыдаид ац^/ хабар æмæ йæ æвæстиатæй бацагуырдта. / — Лейтенант Тауыты фырт! — æфсæддон æгъдаумæ гæр- гæ, хистæры раз уырдыг алæугæйæ æмæ рахиз къух къæмд!- сæнмæ бахæсгæйæ, йæхи бацамыдта Данел. / Энвер ын цæстæнгасæй ацамыдта, дæ къух æруадз, зæгъ- гæ. йæхæдæг цæуæгмæ джихæй кæсгæйæ баззадис, цыма >йæ йæ цæстытæй аныхъуырынмæ хъавыд. Æппынфæстаг афарс!та: — Дæ хорзæхæй, ирон дæ? | — Æнæмæнг афтæ! ; Дыууæ" æмзæххоны кæрæдзиуыл ныттыхстысты... Æрмæст- дæр дыууæ ироны капд уыцы полчы нæ, фæлæ æнæхъæн дивй- зийы дæр... — Уымæй æвзыгъДдæр æмæ арæхстджындæр командир æицон ссарæн нæ уыд? — зæгъы Данел, — æмхуызон бирæ йæ уарзтой йæ хистæртæ æмæ кæстæртæ дæр. йæ диссаджы ми-« ниуджытæ рабæрæг сты суанг хæсты размæйы азты. Мæ зæр- дыл ма лæууы иу цау, 1939 азы Астæуккаг Азийы æфсæддон зылды ерысты хæстон цæттæдзинады æппæт хуызтæй дæр Эн- веры эскадрæ бацахста фыццаг бынат æмæ йын уый тыххæй (паддз&хад саккаг кодта «Сырх Стъалыйы» орден. Хæст дæр сæ æрæййæфта уыцы горæты. Уæдмæ Эивер ссис полчы штабы хицау. Данел та — хицæн эскадроны командир. Командæказнынад уынаффæ рахаста бæхджын æфсады 18-æм дивиэийы Мæскуы бахъахъхъæныныл хæстытæм арви- тыны тыххæй. Тауыты фыртæй нæ рох кæнынц’ фронтмæ сæ фæндаджы хабæрттæ дæр. — Бæхтæ дæр æмæ нæхæдæг дæр цыдыстæм æфсæнвæнда- джы эшелонты. Æрхизын нæ кодтой, Клин, зæгъгæ, уыцы ста-, нцæйы. Зæхх ныйих æмæ йыл къæхтæ нæ хæцыдысты. Ноджы нæ бафиппайдта знаджы "авиаци æмæ ныл бомбæтæ æнæвгъа- уæй згъæлста. Бæхтæн вагæттæй раргъæвæн иæма уыдис — æдзæфхад уыдысты (æдцæфхад бæхтæн æфсæнвæндагыл ла- сыны бар нæй). Æмæ æхсæв-бонмæ спичкæйы рухсмæ кодтам цæфхад садзыны куыст. Мæхæдæг уыцы ’хсæв цæфхæдтæ ныс~ сагътон фынддæс бæхæн. Бон куыддæриддæр æрбацъæх, аф- тæ горнист ныццагъта «Хæстон фæдис» æмæ комкоммæ вагæт- тæй балæууыдыстæм тохы арты, Спасулок, зæгъгæ, уыцы хъæу- мз^ æрбацæуæнты. Æртæ боны дæргъы нæ бамынæг сты тугка- лæн уæззау хæстытæ. Гитлеронтæ, стыр тыхтимæ, фондз хатты сюо
бафæлвæрдтой нæ хъахъхъæнынад æрбатоныныл, фæлæ-иу сæ фæндтæ фæсыкк сты. Уыцы хæстыты фæцæф полчы командир земæ командæкæиынад йæхимæ райста Æхсараты Эшвер* «Хорз» фестæм знагæн, фæлæ нæхи дивизийыл дæр æрцыдис стыр зиæнттæ æмæ йæ рарвыстой фæсфронтмæ, горæт Дмитри- евойы цæгатварсмæ, нæ тыхтæ сæ бынаты сæвæрынмæ. Уæдмæ ралæууыдысты зымæджы уазал бонтæ. Фæндзæм декабры æхсæвы дивизи иогæй æппæрст æрцыдис фронтмæ æмæ гитлеронты æнæ æрулæфгæйæ дæрæн кодта ,æртæ къуы- рийы дæргъы. Стыр зиæнттæ та æрцыдис нæхиуыл дæр. Уæл-> дай тыхджындæр хъыгдард баййæфта Энверы полк (кæддзз- риддаэр иннæты разæй цыдис) æмæта йæ бахъуыдис фæсфронт- мпз арвитын. У,æдмæ махонгы дыууæ фронты батыдтой гитле- ронты хъахъхъæнынад æмæ дзы цы «къæридор» сæвзæрд, ууыл бæхджын æфсады дивизи абырста знаджы фæсчъылдыммæ. Æмæ’ та Данел ногæй æрæмысыд Энверы: — Фæсчъылдым дæрæи кодтам знаджы хицæн æфсæддон хæйтты, нæ йæ уагътам фронтмæ ног тыхтæ ласын. 1942 азы июнь æмæ июлы ссæрибар кодтам Смоленскы областы дыууа- дæс районы. Гъе, фæлæ Энвер мæ зæрдæйæ нæ хицæн кодта. Æнхъæлдтон, никуал фембæлдзыстæм. Фæлæ Æхсары фырт, йæ уарзон. дивизийыл йæ зæрдæ чи сивтаид, ахæмтæй нæ уыд. Иу мæйдарæхсæв йæ полчимæ ныббырста фронты сæрты æмæ баиу ис немæ. Никуы мæ ферох уыдзысты нæ дивизийы командир инæлар Ивановы цины цæссыгтæ... Æмæ та Энверы полк дивизийы хæстонты ног тых, ног хъарутæ бауагъта. Иуахæмы нын тугкалæн хæст бацайдагъ, Холмск, зæгъгæ, Смоленскы облæсты уыцы хъæумæ хæстæг. Знаг мах ныхмæ æрбаппæрста 18 тан.чы, махмæ та иунæг танк йедтæмэе нæ уыд (уый дæр — нæхи КВ, немыцæгтæй йæ байс- там). Бæстæ æмбу кодта, арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой. Æх- сæрдæс танкæн сæ сау фæздæг скалд. Иннæ дыууæ фæстæмæ лидзæг фесты. Иу чысыл хъæу, Белоусово, зæгъгæ, æрбынат кодта къуылдымыл. Немыцæгтæм уырдыгæй, армытъæпæнау, зындысты нæ позицитæ æмæ ныл тугуарæн кодтой. Цалдæр хатты бафæлвæрдтам хъæу байсыныл, фæлæ нæ хъуыддагæй ницы рауад. Стыр зиантимæ-иу фæстæмæ ралæууыдыстæм» Уæд хъуыддаг йæхимæ райста Энвер. Уый радих кодта йæхи полкæй дыууæ эскадроны, сармадзанты фæтыхджындæргонд батарея æмæ фæсæмбисæхсæв хъæумæ ныббырстам æнæнхъæ-* лæджы. Гитлеронтæ махырдыгæй ахæм ныфсхастдзинадмæ æихъæлмæ нæ кастысты æмæ «уæлæуыл» хъахъхъæнджыты иедтæмæ никæй ныу>агътсй. Цыбыр æмæ æгъатыр уыдис уыцы фембæлд. Сæдæгай фашисттæ сæ мæлæт ссардтой уыцы хъæуы, ноджы ма нæ къухы бафтыдысты знаджы 8 танчы, 12 бронётранспортеры, 120 бричкæйыдзаг хæцæн æмæ халæн æр- мæг, 185 салдаты æмæ афицеры та уацары райстам. Фæлæ уæз- зау цæф фаецис нæ полчы уарзон командир, знаджы нæмыг 601
сæмбæлд йæ партиоп билетыл æмæ ахызтис бæхбæттæны бын- ты... Цынæ йын фæкодтой, дзæбæх кæнынмæ дæ фæсфронтмæ арвитæм, зæгъгæ, фæлæ не сразы. Æртæ къуырийы фæстæ, йæ къух бæрзæймæ баст, афтæмæй Энвер ногæй командæ код- та йæ полкæн. Йæ риуæй æрттывтытæ калдта Ленины орден!.., Уыцы аз июлы æфсады командæгæнæг дивизийæн радта бардзырд знаджы фæсчъылдымæй рацæуыны тыххæй. Немы- цæгты фронт æрбатонынæн æмæ нæхионтæм æрбаирвæзынæн дивизийы командир равзæрста мæйдар æмæ хъызт æхсæв. Æмæ уыцы ’хсæвæй фæстæмæ фæарфдæр сты Данелы зæрдæ- йы ностæ, нал,федта йæ уарзон хæстон æмбал Энверы. Уыцы ’хсæв дивизийы хæстонтæ фронты сæрты хызтысты чысыл къордтæй, «йæ хъару кæй куыд хаста», афтæ. Данел æмæ йæ дыууæ æмбалыл фехæлд зæххы бын æмбæхст минæ. Дыууæ æмбалы гæбазгай фæхаста. Тауыты фыртæн та бамур ис йæ къах, стæй райста контузи. Нæхионтæ йæ банымадтой мардыл æмæ йæ иыууагътой... Райдыдтой уæззау бонтæ, уацары бон- тæ... Ирыстоны йæ бинонтæ та райстой сау гæххæтт... Адæм ’сæм мæрддзыгой цыдысты... Раздæр Барановичийы, стæй Мариуполы концлагертæ... Уым фæхалас йæ сæр Данелæн. Æхсæвæй-бонæй, куыд фæзæ- гъынц, дæллаггалы куыст. Дæ куысты мызд — цæхæр&йы хъæрмхуыпп æмæ уырзыйас сау дзулы къæбæр. Æххормагæй рæсыдысты уацайрæгтæ, æххормагæй рæсыдысты, немыц нæ бæстæйæ цы сабыр цæрæг адæмы атардтой, уыдон. Æххормаг, тиф æмæ æндæр иизтæй цагъды кодтой æмæ-иу альгбон дæр лагерæй мæрдтæ аластой цалдæргай машинæты дзаг. Сæ тæ- ригъæдæй зæрдæ скъуыдис... «Лидзгæ у ардыгæй!» — сфæнд кодта Данел. Æмæ, куыд ничи йæ бафиппайдтаид, афтæмæй уацайрæгты йæхи зондаха- стмæ ардыдта. Сразы йын ис дыууиссæдз адæймагæй фылдæр. Сарæзтой алидзыны пълан. Фæлæ се ’хсæн разындис уæйгæ- нæг... Над... Рафæрс-бафæрс... Л.агеры хъахъхъæнджыты ны- мæц фæфылдæр кодтой. Фæлæ уæддæр 1943 азы августы кæ- рон Данелæн 48 æмбалимæ йæ къухы бафтыд лагерæй рали- дзын. Æнæ хъыпп, æнæ сыппæй систой æхсæз хъахъхъæнде- джы æмæ сæм иучысыл хæцæнгæрзтæ дæр фæзынд... Бон хи аууон кæнгæ, æхсæв фæсйæдты цæугæ, йæ къорды æрбахизын кодта фронты сæрты. Нæхионтæ? Дызæрдыгдзинæдтæ... Ра- фæрс-бафæрс... Æмæ Тауыты фыртæн радтой йæ раздæры æф- сæддон чин — капитан,.йæ бæрны йын бакодтой фистæг æф- сады ротæ. Æмæ та ногæй — фронт, тугкалæн хæстытæ. Запо- рожьейы иу хъæу Шевченко хуыйны. Уый исгæйæ, немыцаг снайпер хæдзары царæй æрхъавыдис советон афицермæ. Нæ- мыг сæмбæлдис галиу уадулыл æмæ ахызтис рахиз æфсæры- къæдзæй... Ныппырх кодта, йæ разæй стæгæй цы ссардта, уы- дон... Хæстон рынчындон... 602
— Нал бæззыс рæнхъон службæйæн, — алыг кодта дохтыр- ты къамис, — рынчындоны фæстæ Данелы уавæрмæ куы ’рка- стис, уæд. — Бæргæ нæ разы кодтон къамисы уынаффæимæ, фæлæ мæ уæддæр фæсфронтмæ арвыстой. Фæлæ мæ амондæн, æргæ мæйы фæстæ бахаудтæн Мæскуыйы бæхджын æфсады афицер- ты уазлдæр скъоламæ. Бакастæи дзы æртæ мæйы, афтæ бар- дзырд æрбахæццæ уыцы скъолайæ Плиты Иссæйы бæхджыч- механизацигонд къордмæ цыппарыссæдз афицеры арвитыны тыххæй. Æмæ эез дæр бахаудтæн уыцы номхыгъдмæ. Радтой та мын эскадрон. — Æмæ уæд Иссæимæ лæгæй-лæгмæ ни,к.уы фембæлдтæ?-- фæрсæм æй. — Иу-цалдæр хатты. Фæлæ нæ фыццаг фембæлд æгæр ди- ссаг уыдис. Цæвиттон, Венгрийы арæныл нæ дивизи бæрæг код- та йæ юбилей. Сарæзтам ’хъазтизæр. Афицертæ мæн тыххæй оркестрмæ заказ радтой «Лезгинкæ». Æз акафыдтæн. Кафгæ- кафын Иссæйы æрбацыд нæ бафиппайдтон. Æз куы фæдæн, уæд командæгæнæг «Лезгинкæ» ацæгъдын кодта дыккаг хатт æмæ йæхæдæг замманайы аив кафт акодта. Уый фæстæ мæм æрбацыд,,мæ къух мын райста æмæ йæ цæст хины ныкъуылд æркодта: — Гъе, куыд дæм фæкаст, ме ’мзæххон, æз дæр ма истæ- мæ арæхсын? ...Суанг хæсты кæронмæ Данел баззадис бæхджын-ме- ханизацигонд къорды рæнхъыты. Йæ райгуырæн бæстæм сыз- да&хтис Прагæмæ бацæуæнтæй. йæ риуыл схаста «Сырх Тырьт- сайы» æмæ Александр Невскийы ордеитæ, фондз майданы — йæ хæстон сгуыхтдзинæдты æвдисæнтæ. Сабыр царды рæстæг бирæ азты фæкуыста партион æмæ советон бæрнон бынæтты, «æртьшминон» уæвлæйæ, разамынд лæвæрдта Цæ>гат ^Ирысто- ны стырдæр колхозтæй иуæн, ныр у сывæллæгты куыстуаты директор. Ницæмæй цух у йæ царды. Фæлæ та йæ зæрдæйы ностæ куы ’рбаймысы, уæд фæзæгъы: — Нæ сабыр цардмæ макæйуал къух æрбахæццæ уæд!.. Мах цы æвирхъау фыдæбæттæ бавзæрстам, уыдон нæ кæстæр фæсивæд сæ фыны дæр ’макуы фенæнт!..
Гаглойты Владилшр ТЕДЕТЫ ВИКТОРЫ ХÆЦÆНТÆ Раздæр-иу Ирыстоны фырт кæмæн райгуырд, уымæн-иу фырбуцæн хъæуы хистæр лæгтæ арфæ кодтой: «Дæ фырт афицер рацæуæд», зæгъгæ. Нæ бæллыдысты Тедеты Викторы ныййарджытæ, цæмæй сæ фырт афицер рацыдаид. Нæ бæллыд афицер суæвынмæ Виктор йæхæдæг дæр. Уымæн æмæ уый чысылæй фæстæмæ бæллыд сабырадон царды йæ иубæстон адæмæн балæггадкæ- нынмæ. Æмæ йын, уарзон хъæбулау, лæггад дæр бакодта, æп- пæт йæ зонд, йæ арæхстдзинад нæ бахæлæг . кодта советон цардарæзтады хъуыддагæн. Куыста Хуссар Ирыстоиы чкусæг- зæхкусджыты инспекцийы, хуыд Ленингоры райæххæсткомы/ сæрдары хæдивæг, газет «Коммунисты» («Советоп Ирыстоны») хайады гæс, уыд нæ областы хуыздæр æмæ курдиатджындæр >ацхæсджытæй. Фыста очерктæ, радзырдтæ æмæ уацтæ колхо- зон цардарæзтадыл, иудзырдæй, Виктор уыд сабырадон царды активондæр аразджытаёй. Фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ уæд Вик-< торы дæр бахъуыд сабырадон царды хотых хæстон ихотыхæй раивыны æр. Фæцыд Иры разагъта хъæбултимæ фыдыуæзæ- джы сæрыл хъазуат тохмæ, фæцыд æмæ хæсты быдыры кад æмæ намысимæ бахъахъхъæдта йæ адæмы кад, йæ дзыллæйы намыс. Рæсугъд æмæ райдзаст у Дампъалеты хъæу, уæлдайдæр та рагуалдзæджы, сыфтæр куы рафтауы æмæ, ног чындзау, фæзтæ æмæ къуылдымтæ сæ дари дарæстæ куы скæнынц, уæд. Йæ пыййарæг мадау уарзта Виктор .йæ фыдыуæзæджы. Уым 604
зрвыста йæ сабийы бонтæ, уым базыдта царды ад, стæй куы бахъомыл, уæд, зæрватыччы лæппынтæ сæ ахстонæй куыд атæ- хынц, уыйау уый дæр афтæ афардæг йæ фыдыуæзæгæй, фæ- лæ-иу æрвылхатт дæр, гæнæн .æмæ амал уæвгæйæ, æрыздæх- тис йæ хъæу Дампъалетмæ. Тедеты Александры фырт Виктор Фыдыбæстæйы хæсты нæ адæмы цыфыддæр знæгтимæ хъазуаты куы бацыд, стыр зынтæ æмæ æвирхъаудзинæдтæ куы æвзæрста, уæд дæр кæд- дæриддæр .хъуыды кодта йæ адæм æмæ цæ фыдыуæзæгыл. фыдыбæстæм йе стыр уарзт Викторæн лæвæрдта ныфс, тых æмæ æхсар. Уыцы стыр уарзондзинад ахъардта йæ туджы зомæ йæ акодта тохы тымыгъты, ахызт, цардæй мæлæты ’хсæн цы .æрдуйы хид ис, ууыл, фæуæлахиз фыдрыныл æмæ йæ фы- дыуæзæгмæ сæрæгасæй æрыздæхт. , , Зыи æмæ æвирхъау уыдысты Тедеты Викторы хæцæнтæ. 1942 азы Цæгат Кавказы райдыдта йæ тохы фæндаг. Фыццаг хатт лæгæй-лæгмæ немыцаг лæгсырдтыл фембæлдис Грознайы фадыджы. - ■ Ч(И уарзта цард Викторы хуызæч, чи ради царды цинтыл, йæ адæмы хæрзиуджытыл, чи цин кодта Викторы хуызæн? Ни- куы райстаид марæн кард йæ къухмæ, фæлæ йæ ныр райста. Райста йæ царды сæрыл мæлæты ныхмæ, æмæ Грознайы го* рæты алы фæрсты цы æвирхъау тохтæ цыд, уыцы ран йæхæ- дæг джебогъæй тохты амардта æртæ фашистон сырды. Афтæ райдыдта йæ маст исын фыдгул знæгтæй хъæбатыр хæстон. Виктор цы æфсæддон хайы службæ кодта, уыцы æфсæд- дон хай хъазуат тохты ссæрибар кодта Николаевкæйы ’стани"» цæ. Уырдыгæй ацыдысты Хъызлары быдыртæм, æрурæдтой фашистон æфсæдты размæбырст Бакумæ æмæ йæ ныддæрæн кодтой æдзæрæг быдырты. 1943 азы Ног азы райдианы советон æфсæдтæ мæлæтдзаг цæфтæ фæкодтой фыдгултæн æмæ ’фронт атыдтой. Райдыдта1 Советон Æфсады размæбырст уæрæх фронтты. Тедеты Виктор йе ’фсæддон хаимæ хайад иста горæттæ: Геор* гиевск, Минеральные Воды, Ставрополь æмæ æнæнымæц хъæу- тæ æмæ станицæтæ ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Советон Æфсад размæбырсты куы ацыд, уæд Виктор цы æфсæддон хæйтты хайад иста, уыцы æфсæддон хæйттæ баиу зерцыдыст’Ы’ æмæ сæ сарæзтой æхсæг дивизи. Тедеты Виктор нысан æрцыд полчы ш^абы хайады хистæрæй. Дивизи æрвыст ^ерцыд Украинæмæ æмæ йæ бакодтой Советон Æфсады фæн- Дзæм армийы скондмæ. ч Уыцы арми, Викториты полк йæ дивизийы сконды уыд, ха- йад иста горæттæ Макеевкæ æмæ Донбассы центр Сталинойы ссæрибар кæныны сæрыл тохты, уый фæстæ та Херсон, Запо- рожье æмæ Одессæйы областты ссæрибар кæныны сæрыл тох- ты. 1944 азы августы мæйы Викторы полк йæ дивизиимæ иумæ 605
атыдта знаджы хъахъхъæдад æмæ карз тохты фæстæ Молда- вийы горæт Бендерæн галиуырдыгæй æрхъула кодтой знæг- ты стыр къордыл. 1944 азы 27 августы Виктор йе ’фсæддон хаимæ æрвыст æрцыд Полынæмæ Сандомиры плацдарм ссæрибар кæнынмæ. 17 январы ссæрибар кодтой Варшавæйы æмæ, фыдгул знаджы дæрæнгæнгæйæ, сæ ных сарæзтой Ныгуылæнмæ — знæ’гты ахс- тон Берлинмæ. Карз æмæ æвирхъау уыдысты цæугæдон Одеры сæрты ахи- зыны тохтæ. Фыццаг хатт Одеры сæрты цы æфсæддон хæйттæ ахызт, уыдонимæ уыд Викторы полк дæр. Виктор йæхæдæг къухдариуæг лæвæрдта, доны сæрты чи хызт, уыцы æфсæддоп фæсчъылдымы хæйттæй сæ иуæн. Уыд мæйдар æхсæв. Æхсæвы тар æрæмбæрзта нæ хæстон- ты, фæлæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ арвыл ферттывтой ракетæ- тæ. Доны фаллаг фарсæй æнæрынцойæ хъуысти знаджы луле- метты къæр-къæр. Виктор йе ’фсæддон хайы æрбаввахс кодта доны былмæ æмæ æхсæвы дыууæ сахатыл тъиуитæ æмæ бæлæгътыл, афтæ- мæй сабыр, æнæунæрæй сæ ных сарæзтой Одеры фаллаг фарс- мæ. Донæн йæ фаллаг фарсмæ куыд бахæццæ сты, афтæ сæ ба- фиппайдтой знæгтæ, ныррухс сты доны былтæ, æмæ сыл, их« уарæгау, згъæлын райдыдтой знаджы нæмгуытæ. Иу рæстæджы минæ фехæлдис, Виктор цы бæлæгъы бад- тис, уымæ хæстæг. Дон хæрдмæ хъен сыстад æмæ афæлдæхта бæлæгъьь Виктор æмæ йæ,хæстон æмбæлттæ нæ фергъуыйау сгы Иугæр куы базыдтой, бæлæгъæн сфæлдахæн нал ис, уæд аленк кодтой Одеры фаллаг фарсмæ. Знаджы пулеметы нæмгуытæ ихуарæгау згъæлдысты сæ алы фæрсты. Уазал доны улæнтæ æдæрсгæйæ фадат нæ лæвæрдтой размæ ленк кæнынæн. Мæлæт сæ уæлхъус зилахар кодта, фæлæ абырстой удхæссæджы æмæ аирвæзтысты доны фаллаг фарсмæ. Уым джебогъæй гахты астыц кодтой зпæгты сæ хъавæн бынæттæй æмæ бацахстой плацдарм. Бон дзæбæх æрбарухс, афтæ не ’фсæддон хæйттæ ахызтысты Одеры сæрты æмæ дарддæр сурын райдыдтой фыдгул знаджы. 1945 азы апрелы мæйы фæндзæм арми батыдта Берлины горæты фидæртты æмæ бацыд горæтмæ. Афтæ ирон адæмы хъæбатыр фырттæй сæ иу — Тедеты Викторæн йæ тохы фæндаг райдыдта Цæгат Кавказæй æмæ фæци Германы фашизмы ах- стон Берлины. Даргъ æмæ тугæрхæм уыд уыцы фæндаг. Бирæ зынтæ æмæ æвирхъаудзинæдтæ бавзæрста Виктор уыцы фæидагыл, фæлæ фæуæлахиз æмæ йæ фыдыуæзæгмæ æрхаста фарн æмæ амонд. Бахызта йæ адæмы рæсугъд сомбон, æрхаста сæрибардзинад карды ком æмæ джебогъы бырынкъæй Европæйы миллионгай адæмтæн. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты гвардийы хистæр лейтенант 606
Тедеты Александры фырт Виктор хъæбатырдзинад æмæ лæг- ггзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд «Сырх ^тъалыйы» орденæй æмæ «Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны» ордентæй, хорзæхджын у авд хæстон май- :анæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæст Тедеты Виктор райдыдта рæп- хъон салдатæй æмæ сырæзт гвардийы хистæр лейтенанты онг. Кæддæр Викторы фыд Александры нæ фæндыд, йæ фырг афицер 1куы суыдаид, уый, фæлæ куы бахъуыд сæр, Фыдыбæс- тæ куы фæсидтис йæхъæбулмæ, уæд фыдыуæзæджы стыруарзг фæтых Александры фæдзæхстыл æмæ йæ фырты бар-æнæбары бахъуыдис афицер суæвын. Намысджын афицер, нæ адæм сæ- рыстыр кæмæй сты, уыцы хæстон афицертæй сæ иу сси Виктор дæр. 1947 азы Виктор æрыздæхт йæ -райгуырæн уæзæгмæ. Ра- ласта йæ хæстон дарæс æмæ та ногæй бавнæлдта сабырадон цард аразынмæ. Фæсаууонмæ райста финансон-экономикон ахуырдзинад æмæ суанг йæ царды фæстаг боитæм куыста Цди- нвалы горæты финхайады гæсæй. Тедеты Александры фырт Виктор амардис 1966 азы/ Виктор кодта сфæлдыстадон литературон куыст дæр. Йæ очерктæ æмæ радзырдты æмбырдгонд мыхуыры рацыд Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдады. Намысджын уыдис Викторы цард. Хъæзныг уыдис куысты æмæ тохы цаутæй. Æхсарджын, принципиалон коммунист, йæ адæмыл æнувыд, йæ цард æгасæйдæр’ снывонд кодта Комму- нистон парти æмæ йæ иубæстон адæмы рæсугъд фидæнæн.
Гаглойты Владимир САЛДАТ ФÆУÆЛАХИЗ МÆЛÆТЫЛ ÆМÆ ЙÆ УÆЗÆГМÆ ÆРЫЗДÆХТ... Æфсæрмдзæстыг, æна&хин ,æмæ лæджыхъæдджынæй зонынц йе ’мг’æрттæ Тедеты Дауыты. Æууæндаг æмæ тæригъæдгæнаг зæрдæ, искæй хъыгтæ — йæхи хъыгтæ, искæй цинтæ — йæхи цинтæ. Саби ма куы уыд, уæд тæригъæд кодта алцæмæн дæр, æгæрыстæмæй, æххормаг, сидзæр уæрыччытæн, æдых, æнæбон къаннæг чызджытæн, исчи-иу сæ куы æфхæрдта, уæд-иу сæ сæрыл æнæрахæцгæ никуы фæци. Никуы ныууагъта йе ’мкар сабиты зын раны, уарзта рæстдзинад, æнæуынон ын уыдысты зивæггæнджытæ, тæплудтæ æмæ сайæшйтæ, уæлдайдæр та дзырдхæсджытæ. Уый æнхъæл никуы ничи уыд, æмæ, уыцы сабыр, æнæхин лæппу, алцæуыл чи тайы, царды рæсугъддзинад афтæ бирæ чи уарзы, уыцы цардбæллон, тæригъæдгæнаг зæрдæ лæджы ных- мæ хæцæнгарз райса. Фæлæ куы бахъуыди сæр, Фыдыбæстæмæ куы ’рбабырста сау рын — фашистон Герман, уæд Дауыты тæригъæдгæнаг зæрдæ, æхсон дурау, иыхъхъæбæр йæ адæм æмæ йæ Фыдыбæс- тæйы знæгтæм. Афтæ домдта рæстæг, уымæн æмæ цард æрывæрдæуыд тæрæзтыл æмæ мæлæтæй байсын хъуыдис царды, байсын æй хъуыд æрмæстдæр топп æмæ карды комæй. Намысджын у Дауыты тохы фæндаг. Хæсты райдианæй хæсты фæудмæ фæцыд тохы уæззаудæр æмæ тæссагдæр фæн- дæгтыл æмæ йæ фыдыуæз,æгмæ карды комыл æрхаста фа.рн æмæ амонд. Тедеты Уасилы фырт Дауыты Фыдыбæстæйон хæст æрый- йæфта æфсады рæнхъыты. 1939 азы йæм æрсидтысты æфсад- 608
тааз. Уьгцы аз хайад иста урсфинæгты иыхмæ тохты, фæстæдæр ^а, 1940 азы, Бессараби ссæрибар кæныны сæрыл тохты. 1941 азы Тедеты Дауыт каст фæци Краснодары артилле- р,ион ахуыргæнæидон, радтой йын лейтенанты чин æмæ йæ ар- ьыстой Хуссар-нььгуылæн фронтмæ взводы командирæй. Афтæ райдыдта Тедеты Дауыты хæстон фæндаг, уæрагмæ тугæй цæм фæндаг. Царды сæрыл мæлæты ныхмæйы фæндаг, Уæззау’æмæ æвирхъау уыдысты хæсты фыццаг мæйтæ. фашистон æфсæдтæн. сæ къухты æфтыдис иу уæлахиз иннæйы фæдыл. Не ’фсæддон хæйтты бахъуыд рæстæгмæ фæстæмæ слæууын. Фæлæ советон æфсæдтæ æрурæдтой немыцаг-фашис- тон абырджыты. Бæрзæйсæттæн цæфтæ * сын фæкодтой Мæс- куыйы цурты, Сталинграды æмæ Цæгат Кавказы хохрæбынты. Райдыдта стыр размæбькрст æмæ советон зæхх знагæй сссæрибар кæныны рæстæг. > . ’ ’ Тедеты Дауыт хайад иста йæ минометон батареимæ Воро- пежы фронты. Карз æмæ æвирхъау уыдысты уыцы тохтæ Воронежы цур- ты, уæлдайдæр та Подгорнийы хъæуы цур. Уым уыдис знаджы ахсджиаг хъахъхъæдадон хахх. Немыцæгтæ советон размæбыр- сæг æфсæддон хæйтты ныхмæ æрбакалдтой фистæг æфсад æмæ танкæйон ног хæйттæ. Æнæнымæц атакæты фæстæ знагæн бан- тыстис не ’фсæддон хайыл æрхъула æмæ сæйраг тыхтæй фæхи- цæн кæнын. Полчы командир бардзырд радта, цæмæй хæстонтæ хъæ- уы алы фарс æртыхсой æмæ цыфæнды амалæй дæр знаджы ма æрбауадзой хъæумæ. Тедеты Дауытæн ие ’фсæддон хаимæ бахæс æрцыд хъæуы скæсæны ’рдыгæй хъахъхъæнын. Фашисттæ æгъатырæй бырстой хъæумæ. Атакæ-атакæйы фæдыл цыд, фæлæ Дауыты хæстонтæ удуæлдай тохты иунæг къахдзæф дæр фæстæм,æ нæ алæууыдысты. Сæдæгай немыцаг салдæттæ уыцы тохты сæ мæлæт ссардтой Подгорнимæ бацæ- уæнты. \ ,, * Фæлæ знаг уæддæр иæ ныууагъта йæ фæнд. Ног тыхтæ æр- бакалдта тохы быдырмæ, уьшæн бантыст не ’фсады санитарон хайыл æрхъула кæнын Воронежæн ^ныгуылæны ’рдыгæй лæн- чы. ’ . ~ Поллы командир бахæс кодта Тедейы фыртæн знæгты æр- хъула &тонын æмæ са-нитарон хайы æрхъулайæ ракæнын. Автоматчикты къордимæ Тедейы фырт хъазуаты бацыд фыдгултимæ. Нымæцæй фылдæр æмæ тыхджьшдæр уыдысты знæгтæ. Фæлæ Тедейы фырты хъæбатыр хæстонтæ мæлæтдзаг тох самадтой фыдгултимæ æмæ фервæзын кодтой сæдæгай со- ветон цæф хæстонты мæлæтæй. ^ Уыцы тохты лæгдзинад æмæ арæхстдзинад кæй равдыста, уый тыххæй Тедейы фыртæн лæвæрд æрцыд капитаны чин. Тедеты Дауыт хайад иста горæттæ Воронеж, Харьков æмæ 39.* 600
дзæвгар украинаг районты æмæ хъæуты ссæрибар кæныны сæ~ рыл тохты. Уæлдай карздæр æмæ æвирхъаудæр уыдысты Харьковы районы Матвеевкæйы сæрыл тохтæ. Тедеты Дауыты артиллерион хай цы батальонæн æххуыс кодта Матвеевкæйы сисыны тохты, уыцы батальоны командир мард фæци знаджы нæмыгæй. Командир куы амард, уæд бата- льоныл командæкæнынад йæхимæ райста Тедейы фырт æмæ æхсæвæй райсоммæ уæззау тохтьт батальои скуынæг кодта знæгты æмæ асæрибар кодта Матвеевкæйы хъæуы. Байстой знаджы хæстон фæсауæрцты склæдтæ æмæ уаца- ры ракодтой немыцаг салдæтты ротæйы. Уыцы тохты тыххæй 161 æхсæг дивизийы командæкæнынад Тедейы фырты схсфзæхджын кодта «Сырх Стъалыйы»орденæй., 1943 азы сæрды Тедеты Дауыт иысан æрцыд 9 минаметон полчы минаметон дивизионы командирæй. Уыцы дивизионимæ иумæ Дауыт хайад иста Курок-Белгороды къæлæтæджы чХъахъхъæнынады. Курскы къæлæтæг куы атындæуыд, уæд карз тохтæ рай- тынг Полтавæйы областы гор’æт Перятиномæ бацæуæнты. Пе- рятиномæ бацæуæнты уыдис цыппар хиды, уыцы хидтæн уы- дис стыр стратегион нысаниуæг. Знæгтæ фæстæмæ лæугæйæ цæмæй хидты ма фехæлдтаиккой,- уый тыххæй 52 æхсæг кор- пус сарæзта оæрмагонд æфсæддон къорд, уыны къорды уыды- сты хæдцæугæ сармадзантæ, танкæты ныхмæ батарей, авто- матчикты ротæ, саперты взвод æмæ æндæр (æххуысгæнæг къорд- тæ. Уыцы сæрмагонд къорды хæс уыдис, цæмæй æхсæвы тары ахызтаиккой фронты сæрты, бацахстаиккой хидты æмæ фыд- ызнапæн фадат ма радтаиккой хидты фехальшæн. Уыцы операци бахæсчындæуыд Тедеты Дауытæн. Дауыт хæсты размæ уыд Пирятинойы, хорз зыдта горæты, уæлдайдæр та хидтæн сæ равæрд æмæ сæм æдасдæр рæтты куыд баирвæ- зын хъуыд, уый. ...Æхсæв. Бæстæ аныгъуылдис æхсæвы тары. Дауыт йе ’фсæддон хаимæ ахызт фронты сæрты, аив бынæтты бакодта йæ хæстонты хидтæм хæстæг æмæ æнæнхъæлæджы ныццавтой знæгты. Знат уый æихъæл нæ уыди, советон æфсæдты æнæн- хъæлæджы цæфæй фергъиау. Махуæттæ, уымæй спайдагæн- гæйæ, скуынæг кодтой знæгты æмæ бацахстой хидты. Уыцы æнæнхъæлæджы фæцæф схæццæ кодта немыцаг æф- сæддон хæйтты æмæ уый фадат радта не ’фЪæдДон хæйттæн размæ абырсынæн æмæ æнæ стыр зианæй ног позицйтæ бацах- сынæн. Тедеты Дауыт уыцы тохы хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йæ схорзæаджын кодтой «Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны» орденæй. ,Фьтдгул знаг лыгъд Ныгуылæнмæ. Советон æфсæдтæ ба- 610
хæццæ еты Днепрмæ. Советон æфсæддон хæйттæй фыцца.г Днепрмæ чи бахæццæ, уыдонимæ уыд Дауыт дæр йæ дивизо- нимæ. Зын æмæ уæззау уыди Днепры еæрты ахизын. Иемыцæгтæ уыдысты цæугæдоны фаллаг былыл. Уыцырдыгæй фаре уыд бæрзонддæр æмæ уый фадат лæвæрдта «емыцæгтæн сæхи ит- тæг сфидар кæнынæн, аннæмæй та, армы тъæпæнау, зындыеты доны ардыггаг былтæ æмæ уый тынг зын кодта махуæтты размæбырст. Днепрмæ боныгон бацæуæн нæ уыди. Уымæ гæсгæ Днеп- ры сæрты ахизын не ’фсæдтæ ефæнд кодтой æхеæвыгон. Не ’фсæддон хæйттæ фехæлдтой эæррнд еарай, телефоны телтæй бабаетой фæйнæджытæ æмæ хъæдьт лыггæгты æмæ- афтæмæй хизын райдыдтой Днепрысæрты. Немыцæгтæ æхсын райдыдтой. Бæетæ хъаймæт фестади. Сармадзаны нæмгуытæ, ихуарæгау, згъæлдыеты, фæлæ не- ’феæддон хæй;ттæ хъæбатырæй бьирстой размæ, баирвæзтыеты доны фаллаг фарсмæ. Днепры еæрты фыццаг чи ахызт, уыдонимæ уыд Тедеты Дауыт дæр йæ дивиз!ионимæ. Карз ’æмæ «æвирхъау тохты мах æфсæддонтæ байетой Днепры фаллаг былтæ. Знаг æппæт амæлттæй дæр архайдта, цы позициты фесæфта, уыдон фæстæмæ райсыныл, фæлæ, стыр зиæнтты фæстæ, знæгты атакæтæ фæстæм>æ æппæрет æрцы- дысты. Днепры сæрты ахизын æмæ хъæбатьцрдзинад кæй рав- Дыста, уый тыххæй Тедеты Дауытæн лæвæрд æрцыд дыккаг хатт «Фыдыбæстæйон хæсты фъщцаг къæпхæны» орден. Афтæ уæззау тохты Тедеты Дауыт хæцгæ фæцыд Карпаты онг. Активол хайгад иета Польшæ æмæ Чехословакийы ссæри- бар кæныны сæрыл тохты. Чехословакийы зæкх’ ссæрибар кæныны тыххæй Чехослова- кийы сæрдарад майор Тедеты Дауыты ехорзæхджын кодта сæ паддзахады иууыл етырдæр хорзæх «Валютæйы дзуары» орде- нæй. Дауыт ма хорзæхджын у цалдæр медалæй. . Дауыт Стыр Фыдыбæстæйон хæеты фæуæлахизы фæстæ уæлахизæй æрыздæхт йæ фыдыуæзæг Ирыстонмæ, æмæ намыс- джынæй фæллой кæны еабырадон царды. 611
’Æлборты X., Хъодалаты Гч ХÆСТОН ФÆНДÆГТЫЛ Ирон лæгæн фыдæлтæй баззад æвæдж’иаг стыр хъуыдда- джы юæрыл хъæбатырæй тох кæнын, сæрбахъуыды рæстæджы йæ туг дæр ныккалын. Æ.ниу кæй фæнды туг ныккальин та? Ни- кæй, æпцындæр никæй... Нæ фæндыдис Цхинвалы районы социалон фæлындзынады хайады гæс Тедеты Дауыты фырт Александры дæр..* фæлæ..г адæмон зарæгцæйау фæзæгъы «Гитлеры хъæбул амæла...»Уый маргæйдзаг зонды аххосæй зæххыл ныууарыди туджы къæвда, цæхæр... Æмæ нæ очеркы хъайтар дæр баци æвирхъау карз хъыемæты æвджид. Бафæрсæм ын йæхи, кæд афтæ нæу... Æвæ- дза, аив нæу. Нæ йæ равдæлдзæн ивгъуыд боныл дзурынмæ.... Зын уыдзæн хæстæфхæрд лæгæн йæ дудгæбæттæ, йæ хъизæ- мæрттæ йæ зæ,рдыл æрлæууын кæнын... æнæуи дæр æвирхъау хæстæй онгцух, зæрдæрьистæй æрыздæхт... Æнæуи дæр йæ царды чиныджы сыфтæ хæсты зынгæй арыд сты, тугхъулæттæ... Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тæссаг фæндагыл баззад Теч деты Александры цырыхъхъыты фæд дæр. Уыцы фæдæ-н йж райдиан у Телауы æфсæддон ахуырлæыæндон. Уым Александр ахуыр кодта 1941 азы октябырæй 1942 азы июнмæ. Уырдыгæй йæ фæндаг комкоммæ фæцыд хæсты артдзæстмæ, Мæздæджы дурмæ... Мæздæг... Иры уæзæг... Иры атагъа... Историйы мигъæм- бæрзт замантæ цæсты раз сыстынц... Ам монгойлаг фыдгул- тимæ Иры сахъ фыдæлтæ бацыдысты æнæмсæр тохы. Сæ кæрд- ты цъыччытæ, æрвæрттывдау, цæхæртæ калдтой. Цыфыддæр знæгтæ сæ къæхты бын ныссæстой дуне, фæлæ сын гом кæнын нæ’ куымдтой Иры ’æндонвидар къæсæртæ. Иры урссæр хæхтæ, '612
æгомыг сæрхъызойтау, лæууыдысты Ирыстоны нывæрзæн, сæ цæст нæ иыкъуылдтой, сæ уæраг нæ цудыдта... Аивгъуыдтой уыцы замантæ... Зæронд- хъæдгæмттæ байгас сты... Ног хъæдгæмттæ зæрдæйы тугтæ лæмæрстой — дунейы сæрмæ та æрбадтис саудалынг мигъ, йæ аууæттæ, кæлмытау, хæлбурцъ кодтой нæ дарæг зæххыл. Мæнæ æрбахæццæ Ирыс- тонмæ дæр... Фашизм йæ хъæстæ азарæй сыгъта нæ адæмы рæ- сугъд цард... Фæлæ нæй, нæ фæтасыдысты уæддæр Иры хæх- тæ, æндонвидар разындысты иры къæсæртæ. Райгуырæн бæс- тæйы хæдбардзинад бахъахъхъæныныл удуæлдай тох самадтой нæ домбай азфсад. Уыдонимæ уæхски-уæхск æрлæууыд, нырма æвæлтæрд, фæлæ стыр иыфс, стыр лæджыхъæды хицау чи уыд, уыцы хуссайраг ирон лæппу Алекдандр дæр. Мæздæджы цур нсмыцаг тыхæйисджыты ныхмæ тохы уый командæ кодта 876-æм полчы дыккаг ротæйы дыккаг взводыл. Уым, уавæрмæ гæсгæ, Советон Æфсады рæстæтмæ бахъуыд фæстæмæ алæу- уын æмæ Дзæуджыхъæуы цур Даргъкъох æмæ Кæрдзыны хъæ- уы Тедейы фьцрт дæр йе ’взводимæ æрлæууыд знаджы ныхмæ. Уыдон æртæ мæйы дæргъы хъахъхъæдтой Дзæуджыхъæумæ* бацæуæнтæ, немыцæгты нæ уагътой Терчы рахизфарсмæ бахи- зын. 1942 азы Советон Æфсады Сæйраг командæкæнынад раз~ мæ абырсыны тыххæй бардзырд куы радта, уæд Александр йе ’взводимæ хъайтарон тох кодта немыцаг фашистты ныхмæ Прохладный, Кисловодск, Пятигорск, Черкасск, Армавир æмæ бирæ .æндæр горæттæ ссæрибар кæныныл... Советон Æфсад бонæй-бонмæ дарддæр сырдта знаджы. Знаг йæхи æрфидар фодта Азовы денджызмæ(хæстæгБеликовы хъæуы. Хъæумæ бацæуæн уыд æрмæстдæр Хъамылæй æмбæрзт цъыфдзастыл. Немыцæгтæ схызтысты уæлхæдзарттæм æмæ уы~ рдыгæй пулемттæй æхстой советон хæстонты. Александр ацы< ран равдыста йæ фыдæлты хъæбатырдзинад. Уый„йæ станкон пулеметимæ хæрзхæстааг бахъуызыд хъæумæ æмæ бæрзонд, къуылдымы (Сæрæй æхсын байдыдта знаджы... Немыцæгтæ уай- тагъд фæтыхстыты æмæ лидзынмæ фесты... Не ’фсад батыдтой хъæумæ æмæ йæ ссæрибар кодтой. Александр ацы тохы фæцæф æмæ йæ бахъуыд мæй æмæ, æрдæджы бæрц госпиталы йæхи дзæбæх 1кæнын. Зынгзæрдæ салдатæн йæ цæф нæума байгас, афтæмæй та йæ фæндаг акодта хæсты тæккæ цырынмæ. Советон Æфсад знаджимæ карз тох самаДта горæт Мелитополы. Горæт æртæ хатты байстой нæ хæстонтæ æмæ та-иу фæстæ- мæ бахауд знаджы къухы. Александр та ам дæр фæцæф æмæ рæстæгмæ фæхицæн йæ хæстон æмбæлттæй. * # * Уый уыд 1944 азы апрелы. Знаг йæхи ^ерфвдар кодта Пере- копы. Советон хæстонты раз лæууыд немыцæгты Хъырымæй 613'
фæсурыны хæс. Бацайдагъ карз тох. Уым Александр командæ кодта станкон пулеметчикты ротæйыл. Александры æвзыгъд- дз’инады фаарщы йæ ротæ скуынээг кодта* нæмыгæзгъалæн цал- дæр тæппы æмæ иннæ хæстонты разæй бабырста знаджы фидæ- рттæм. Уыцы тохы стыр лæджыгьæд кæй равдыста, уый тых- хæй Александр хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæйы хæсгы 2-аг къæпхæны» орденæй, лæвæрд ын æрцыд Сæйраг командæ- кæнынады гсады грамотæ. ...Симферополь осæрибар кæныны^фæстæ не ’фсад хъуамæ бацахстаиккой Севастополмæ бацæуæны знаджы æртæ фидары. Ам иууыл зындæр сисæн разынд Сапун-хох. Сапун-хох дæлвæ- зы минæтæй къахæрæвæрæн дæр нал уыд. Сæйраг бацæуæ>нтæ уыдысты сындзджын телæй æхгæд. Хохы дæр,гяьмæ æмæ уæрхмæ дæр къахт уыдис траншейтæ. Æфсæйнаг бетонты .бынæй не ’фсадыл нæмгуытæ^згьæлстой ихуарæгау... Иудзырдæй, афтæ зынд, цыма Сапун-хох æгасæйдæр уыд æнæбасæтгæ фидар, фæлæ райгуырæн зæхх фашистты дзæ’мбыт^й ссæрибар кæ- кыны сæраппонд Советон Æфсады ныхмæ цы уæиг фæлæу- >ыдаид! Тохмæ цæугæйæ, советон хæстонтæ хордтой ард. Тæккæ фронты раззаг рæнхъыты оалдæттæ куырдтой, цæмæй сæ айста- иккоч К’О’ммунистон партийы ^рæнхъытæм. Мæнæ куыд фыста Александр дæр йæ куырдиаты: «Курæг дæн партион организацийæ, цæмæй мæ айса ÆК(б)П рæнхъытæм. Зонгæ дæл партийы Уставимæ æмæ мæ фæнды Хъырымы юсæрибар кæйын, коммунист уæвпæйæ, тохты уыдзынæн раззагон, ныфсхаст, знаджы ныхмæ тох кæндзынæн мæ туджы фæстаг æртахы онг. Мæхимæ хæс * исын, партийы •æппæт уынаффæтæ æвæ’стиатæй кæй æххæст кæндзынæи, уый тыххæй». ...Сапун-хохы тохы хайад истой Советон Æфсады æипæт хуызтæ дæр. Хæдтæхджытæ æеæрынцойæ бомбæтæ калдтой знаджы фидæрттыл. Уæззау .артиллери, «катюшæгæ» æппын- æдзух мæлæт хастой æлгъаг фыдгултæн. Советон Æфсад цыдьг сты хохыл хæрдмæ. Алы къуылдым, алы къахдзæф дæр сын слæууыд туджы аргъ. Уым Александры станкон пулеметон ро- тæ хъайтарон .æххуыс кодтой фистæг æфсады размæбырстæн/ Скуынæг кодта знаджы цьишар нæмыгæзгъалæ(г тæппы. 1944 азы 4-æм майы Сапун-хохыл Александр фæцис уæззау цæф æмæ йæ иу суткæйы фæстæ æрластой госпиталмæ. Ацы хатт уый баззад онгцухæй æнусм’æ... Сапун-хохы тохы йæ хъæбатырдзинады тыххæй уымæн лæ- вæрд æрцыд «Сырх Стъалы»-йы орден. Уæлахиз!. Фыдыуæзæг!.. Æгас хæдзар!.. Стыр, æвæджиаг хæрзиуджытæ сты!.. Æмæ сæ хайджьш у Тедейы фырг дæр. Нæу къæмдзæстыг йе ’фсæддон цæсгом... Нæу къæмдзæстыг сабырадон куысты дæр... Уый, Фыдыбæстæйы хæсты 2-аг къор- •614
1Ы инвалид уæвгæйæ, абон Дæр у не ’хсæнады сисамай- джытæй иу — 1948 азæй фæстæмæ къорд азты дæргъы на- мысджынæй æххæст кодта Цхинвалы Госфотойы директоры хæстæ, лыртæккæ та кусы Цхинвалы районы социалон фæлын- дзынады хайады гæоæй.
Цоцыты Къæдзæх ХÆСТ ФÆУЫНМÆ МА ХЪУЫДИС ЦАЛДÆР БОНЫ... Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театры сценæмæ- кæсджытæ нал уынынц нæ театры раздæры сæйраг рольтæ æх- хæстгæнæг актёртæ — Магкаты Алихан, Хйситы А., Алыгка* ты X. æмæ Тедеты Андрейы. Уыдон сæ цард радтой фыдызна- джы ныхмæ тохы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты заманы. Мæн фæнды æрымысын Тедеты Андрейы ном. Тедеты Андрей Ростъомы фырт чысылæй фæстæмæ тынг æнæзивæг æмæ цæрдæг лæппу уыд, куысты æппындæр фæлла-* йын нæ зыдта, уыд дзырдарæхст æмæ цыргъзонды хицау. Уымæн йæ арæхстдзинад æмæ æвзыгъддзинад тынгдæр фæбæрæг сты, 1934 азы Дзауы райклубы гæсæй кусын куы райдыдта, уæд. Уый тынг бирæ бауарзта аивад. Уымæ гæсгæ 1937 азы Хуссар Ирыстоны равзаргæ фæсивæдимæ Тедейы фырт дæр æрвыст æрцыд Ленинграды А. Островскийы номыл паддзахадон театралон институтмæ. Уым ахуыр кæнгæйæ, Ан- дрей уыд раззагондæр студенттæй сæ иу. Институты ирон курсы къухдариуæггæнæг А. В. Соколов æмæ аивадон къухдариуæтгæнæг, ССР Цæдисы адæмон артисг, профессор Л. С. Вивьен стыр буц уыдысты Андрейæ, К. Голь- донийы комеди «Дыууæ хицауы лæггадгæнæджы» Труфальди- нойы роль куы æххæст кодта, уæд. Л. С. Вивьен-иу арæх дзырдта, зæгъгæ, мæ къухы бирæ актертæ æмæ студенттæ схъомыл ис, бирæтæ дзы æххæст код- той Труфальдинойы фæлгондз, фæлæ дзы Андрейæн æмбал нæ~ ма федтон, æвæццæгæн æй Гольдони уымæн фыста. Ацы ны- хæстæ дзурæг уыдысты Андрейы арæхстдзинадыл. 1941 азы Андрей каст фæцис театралон институт æмæ йе 016
’мбæлттимæ æрыздæхт Ирыстонмæ, райд’ыдта кусын актерæй Хетæгкаты Къ. номыл паддзахадон театры. Тедейы фыртæн сценæмæ йæ фыццаг рахызт Труфальдинойы ролы уыд тыыг зæрдæмæдзæугæ. Уæды сценæмæкæсджытæ ма абон дæр фæ- мысынц Андрейы арæхстджын хъазт.., 1941 азы хæсты райдианы Андрей бархийæ ацыд фыдыз- цаджы ныхмæ тохмæ. Фыццаг хайад иста Мæскуыйы цур карз тохты, уый фæстæ та Керчы æрдæгсакъадахы тугкалæн тохты. Æфсæддон хайады командæгæнæг тынг æууæндыдис Андрейыл> хæс ын-иу кодта зын æмæ ахсджиаг хæстон хæслæвæрдтæ æмæ-иу сæ уый дæр алы хатт æххæст кодта ’хсарджын æмæ цæсгомджынæй. Арæх-иу цыд разведкæйы. Ацы хабар уыдис Керчы. Андрейæн йæ дыууæ æмбалимæ бардзырд уыд знаджы «абвзаг» æрцахсын, æмæ йæ æххæст дæр скодтой. Уый фæрцы командæкæнынад базыдта ахсджиаг зонæнтæ... Уæд не ’фсæддон хай æнæнхъæлæджы ныццавта иыхмæлæууæджы æфсæддон къорды æмæ йæ скуынæг кодтой. Ацы хæстон операцийы æнтысты тыххæй Тедейы фырт хорзæх- джын æрцыдис «Сырх Стъалыйы» орденæй. 1942 азы ноябры не ’фсад бырсын райдыдта Сталинграды фронты æмæ дæрæн кодта немыцаг оккупантты. Уым дæр йæ райдианæй йæ фæуынмæ Андрей иста хайад. Сæрибархæссæг Советон Æфсады сæрсæттæн цæфтæй знаг пал кодта йæ сæрæн, не ’фсад бырста размæ — Ныгуылæнмæ. 5944 азы октябры Советон Æфсады æххуысæй оæрибар æрцыд Югославийы сæйраг горæт Белград æмæ уыцы тохты дæр Ан« дрей иста хайад. 1945 азы 2 майы Берлинмæ бадæуæны, хæст фæуынхъуо куы уыд, уæд, цалдæр фашисты йæ разæй фæкæнгæйæ, Андрей хъæбатырæй мард фæцис знаджы нæмыгæй. Нал ын бантыст уæлахизы боныл фæцин кæнын^ нал ын бантыст йæ уарзон Ир- мæ, йæ бинонтæм æрцæуын, сценæмæ рахизын. Хæсты фæудæй бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ йе ’фсæддон хайæ йе ’мкъай Цоциты Нинæ — Гуырдзыстоны Республикæ- йы сгуыхт актрисæ — райста сау гæххæтт. Уым уыд фыст: «Уе ’мкъай, лейтёнант Тедеты Андрей Ростъомы фырт, хъæ- батырæй мард фæцис Берлинмæ бацæуæны карз тохты». Андрей Х’Орзæхд^ын уыд «Сырх Стъалыйы» дыууæ ордена-й æмæ медалтæй. Хæсты райдианæй фæстæмæ Андрей цы фыстæджытæ фæ- фыста, уыдон мидæг-иу Нинæйæн фæдзæхста йæ фырт Фелик- сæн хорз хъомылад радтын. Æмæ Нинæ цæогомджынæй саах- хæст кодта уыцы фæдзæхст. Ныртæккæ Феликс йе ’мкъаимæ кусы горæт Элистайы геологон-сгарæг къорды хистæр техни—. ^кæй. Уыдон цæрынц амондджынæй, фæлæ сæ рох нæу сæ фыд Андрей дæр, сæзæрдыл лæууы, куыд бинонты, æмгæртты уарзон, Райгуырæн бæстæйы патриот, афтæ.
Пухаты Пъетрс ХÆСТЫ ХЪАЙТАР — САБЫРАД ХЪАХЪХЪÆНÆГ У ирд бон. Нау «Туркмения» ’ф/сæры разм.æ, лыг кæны Сау денджызы улæнтæ. Скъæфы уый æппæт бæлцæтты йæ рай- дзаст каютæты> йæ сыгъдæг палубæты. Бадын æз дæр æртык- каг къласы, сыгъдæг æмæ райдзаст каютæйы мæ фыртимæ. Немæ уыд иу æмбисонды хæрзконд, рæсугъд сылгоймаг, цыда- ид ыл иу цыппор азы. Мах ныхас кодтам. Уый нæм хъуыста лæмбынæг, стæй пæм æрбацыд, нæ ныхмæ æрбадт стъолы фар- смæ. Хæлар цæстæй мæм æрбакаст æмæ мæ бафарста: — Аипп ма уæд, фæлæ цы мыггаг адæм стут? — Ирæттæ, — загътон ын æз. — Æз та украинаг, Крыжополы цæрын. 1943 азы службæ кодтон Сырх Æфсады медицинои хойæ æмæ нæ фронтон газе- ты уыд иу ирон, хистæр лейтеиант Тедеты Георгийы ныв. Арæх ньш дзы æппæлыдысты политинформациты. Хæст куы фæци, уæд ныххæццæ стæм Берлинмæ. Рейхстаг Исге пыццыдмæ ист уыд æмæ йæм бацыдыстæм экскурсийы. Йа; къултыл цы бирæ фыстытæ уыд, уыдонæй иу ран бакастæн «Участннк взягия Рейхстага, осетин, комбаг, капитан Тедеев Георгпй Сачиноевпч». Æз æй мæхимæ ныффыстон. — Газеты пын йæ иыв (куы федтон, уæд тынг мæ зæрдæмæ фæцыд, хъп- выдтæн, йемæ куы базонгæ уыдаин, фæлæ мæ къухты нæ баф- тыд. йæ адрес ын нæ зыдтон. Чп уыд уыцы Георги? 1916 азы уалдзæджы Знауыры районы Уахтъанайы цæрæг Тедеты Сачино лæппуйы куывд скодта. Сыхы адæм ьтн арфæ- тæ кодтой, хорз гуырд Дын рацæуæд, зæгъгæ. 018
Сачино йæ фырты хъомыл кодта чысылæй фæстæмæ куы- сТуарзондзинадыл. Георги куы уæлыгæс уыд, куы та — фый- ]1ау. Ахуыр ’куы кодта, уæддæр-иу фæсахуыр æрвылбон уыд йæ фыдимæ æмæ йын куысты æххуыс кодта. Астæуккаг скъола фæуд кодта, афтæ йæм æрсидтысты Сырх Æфсадмæ. 1941 азы фæди йе ’фсæддон службæ æмæ æрыздæхт йæ райгуырæн хъæу Уахтъанамæ. Хъуамæ иу мæй аулæфа, йæхи бацæттæ кæна -емæ фæззæджы бацæуа ахуьирмæ. Фæлæ... Иу мæйы фæстæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. 1941 аз. Декабрь. Тедеты Георги службæ кæны 808 арт- полчы. Ам ын йе ’взыгъддзинæдтæ куы базыдтой, уæд æй ар- выстой Тбилисы артиллерион афицерты курсытæм. Каст сæ фæци æнтысгæйæ æмæ йын радтой кæстæр лейтенанты ном. Нысангонд æрцыд 416 æхсæг лолчы артиллерион взводы ко- мандирæй. 1942 азы полчы дæлхæйттæ карз тохтæ кодтой Цæгат Иры- стоны Мæздæгмæ хæстæг. Немыц тынг хъазуатæй лæбурдтой размæ, сæ быцъынæг тыдтой Бакуйы нефтмæ. Уымæ гæсгæ дцы’фроитмæ калдтой <ног æмæ пог тыхтæ. Полк йæхи (сфидар кодта æмæ афсæрста размæ титлеронты ныхмæ. Гитлеронтæн стыр тыхтæ уыд хъæу Салдатскы æмæ уыр- дыгæй ногæй-ногмæ ’рвыстой полчы ныхмæ хотыхджын æфсад. Полк куы баввахс хъæумæ, уæд сæ немыц ныуурæдтой, къах- авæрын сæ нал уагътой размæ. Уæд полчы командир булкъон Джафаров баоидт Тедейы фыртмæ æмæ цын загъта, цæмæй немыцы æхсын райдыдтаид сармадзантæй. Георги баифтонг кодта йе взводы æмæ цалдæр сахаты дæргъы гитлеррнты æхста æмæ æхста. Немыцæгтæ агуырдтой, ацы ’сармадзантæ сæ кæцæй æхс- той, уый, цæмæй йæ скуынæг кодтаиккой. Фæлæ Георги уыдон афтæ^нынныгæдта зæххы бын, уæлийæ сыл къутæртæ дæр йыс- сагъта æмæ тынг зын ссарæн уыдысты. Афтæмæй нæмгуытæ тынгæй-тынгдæр тахтысты знаджы позицитæм. Салдатск ссæрибар немыцы къухæй. Полк немыцæгты су~ рын райдыдта фæстæмæ дарддæр æмæ суанг 25 километры фæцыдысты сæ фæдыл 4хæм карз тохтæ кæнгæйæ. Ам полчы разы февзæрд бæрзæнд «0,35». Немыцы коман- Дæкæнынад фæлгæсыд ацы бæрзæндæй, уыдта не ’фсæдты алы фезмæлд, алы фехст дæр æмæ полчы размæ бырсын нæ, фæлæ Уæлæмæ скæсын дæр нал уагъта. )(ъуыдда.г та ’рхауд Тедейы фыртмæ. Уый скомкоммæ кодта сармадзан уыцы бæрзæндмæ æмæ цалынмæ бынтон асыгъдæг, уæдмæ дзы алы минут дæр æмбæлд иу нæмыг. Уый фæстæ бæрзæндæй куынищыуал хъуыст, У’ОДч’нолчы штаб охызт æмæ командæ .иæиын райдыдта уырды- гæ.й. Булкъон Джафаров ныттыхст Тедейы фыртыл, ныпъпъс! 619
йын кодта æмæ йæ бавдыста «Сырх Стъалыйы» орденæй схор- зæхджын кæньшмæ. Цæуы полк, æфсæры размæ, йæ фæстæ уадзы йе ссæрибар- гонД хъ’æутæ, районтæ, областтæ. Тæхынц немыцæгты къух- тæй кæрæдзи фæдыл горæттæ: Батайск, Азов... суанг Таганро- джы онг. Георги Таганроджы цур фæцæф. Фæцæф, фæлæ Мæз- дæгæй суанг Таганрогмæ алы горæт æмæ хъæу ссæрибар кæ- ныйы сæрыл тохы ирон хъæбатыр мстон Тедеты Георги акод-, та хъайтарон ггохы фæд. Георги куы сдзæбæх, уæд та иогæй февзæрд тохы тæккæ карзы. Никополь, Мариуполь, Мелитополь... О, ацы Мелитополь, ацы... Цавæр уды хицау ныцци: цал^ хатты йæ байста Сырх Æфсад æмæ та юын æй цал хатты бай- ста немыцы æфсад. О, дæлдзæх æрбауа ацы Герман! Æрба-, калдта та 'Мелитополмæ ног хæцæнгæрзтæ, ног техникæ, ног хæстонтæ... Æмæ цынæ федтаис лæгмарыны тыххæй, цынæ! — Нæ, ацы хатт афтæ нал, — загъта полчы командир, — горæтæн цæуын хъæуы йæ фæрсты æмæ йæ цæвын хъæуы дыу- уæрдыгæй (ацы хъуыддаг бахæс кодта батальонтæн), стæй иувæрсты атонын хъæуы йæ фæсчъылдыммæ æмæ уым цæвын хъæуы, горæтмæ цы ног тыхтæ цæуой, уыдон. — Ацы хæс та лæвæрд æрцыд Тедейы фыртæн. Тедейы фырт йæ хæс æххæст кæнынмæ æрхъавыд æхсæвы- гон. Ар,в, сæгъы цæстау, ирд, стъалытæ тыбар-тыбур кæнынц.1 Уæлæ иу цавæрдæр тымбылæг лæууы, мæйау, æмдымбыл бур- буридæй уæлдæфы мидæг æмæ рухс кæньг æнæхъæн фадыг. Уæртæ чысыл фалдæр тарбынæй цыдæр гакъон-макъок сурæт зыны кæм бæрзонддæр, кæм ныллæгдæрæй, дыма зæ- ронд кау у, фæлæ нæ, — уый Мелитополь у, йæ бæрзонд хæ- дзæртты цур(ныллæг хæдзæрттæй афтæ зыны, рухсытæ дзы кæй нæй, уый тыххæй. Цæуы Тедейы фырт йе взводимæ, ’фсæры размæ. Мæнæ, гъе, сæ развæндагыл минæтæ ныгæд. О, хуыздæр фæуай, ацы рухстау тымбылæг. Уый куынæ уы- даид, уæд ацы минæтыл быныскъуыд суыдаиккам. Æмæ сæ чи хъуамæ ссыгъдæг кæна, сапертæ нæм куынæ ис, уæд. Æргуы- быр кодта Георги йæхæдæг, кæд сапер нæ уыд, уæддæр чысыл* тæ арæхст ацы хъуыддагмæ æмæ халын райдыдта минæтæ, Йæ цард хæцыд æрдуйыл — чысыл æнарæхст февиæлд минæмæ — уайтагъд аскъуыдаид канд йæхи цард нæ, фæлæ йе ’мбæлтты цард дæр. Хъæбатыр командир цытджынæй сæххæст кодта йæ хæс„ асыгъдæг кодта йæ развæндаг минæтæи. Ныр та йæ разы фев- зæрдысты æд хотыхтæ фынæй фашисттæй семыдзаг акъоппы- тæ. Ис сын хъахъхъæнджытæ æмæ æнхъæлмæ кæсынц бар- ^зырдмæ — хъуамæ бон æрбарухс уа æмæ рабырсой не ’фсæд- ты ныхмæ. . ’- 620
Немыцæгтæ батарейы къæхты хъæрмæ фехъалысты, фæ- гæгшытæ кодтой фæдисмæ, фæлæ уый уыд æрæджиау, уæдмæ С8е батарея æмцæф фæкодта, сæ гæрзтæ сын æриста æмæ ма дзы ныхмæ чи лæууыд, уыдоны ныццагътой, иннæты уацары ракодтой. Иннæ хæйттæ нæ батальонтимæ тохтыл фесты æмæ бата- рейæ баирвæзт горæты фæсчъылдыммæ, ардæм йæ ныхмæ æр- бацæйцыд дзыхъхъынног тыхтæ, фæлæ уæдмæ Георги йæ сар- мадзантæ равæрдта æмбæхст бынæтты, аздæхта сæ знæгты ’рдæм æмæ куы ’рбаввахс сты, уæд сæ ныддæрæн кодга ком- коммæ æхстæй. Афтæ Тедейы фырт атыдта немыцæгты фидар хъахъхъæ- дадон хахх æмæ фæйнæрдыгæй не ’фсæдты æмхуызон цæфæй ист æрцыд Мелитополь. Ардыгæй та афсæрстой дарддæр æмæ та тæхынц немыцы ^картæйæ горæттæ Никополь, Николаев... ХЪАЙТАР ГОРÆТЫЛ — ХЪАЙТАР ТОХГÆНÆГ Одессæ. Æмбисæхсæв. Уынгтæ — талынг, æнкъард, кæм- дæр рацу-бацу кæнынц немыцы патрултæ. Хæдзарæй-хæдзар- мæ, фисынæй-фисынмæ арæхстгай цæуынц нæ развæдсгарджы- тæ. Мæнæ дзы иутæ Овсянниковимж æрхызтысты наулæууæн- тæм, иннæтæ азылдысты адмиралитеты иувæрсты Тедеты Геор- гийы фæдыл... Развæдсгарджытæ æрбаздæхтысты. Æмбисæхсæвæй ахызт. Булкъон Саидботалов командиртæн бамбарын кодта сæ хæс, байуæрста сын уынгтæ, стæй сын загъта; — Алчи дæр уæ йæ’ дæлхаимæ цæуы йæ уынгыл, горæтæн нæ райдианæй йæ асæронмæ, Скæсæнæй Ныгуылæнмæ. Полчы штаб уыдзæнис ам. Æххуысмæ ма ’нхъæлмæ кæсут — æхсæв у æмæ артпллерийæ куы ’хсæм, уæд сыскъуыйдзысты нæхи адæм дæр. Стæй горæт нæхи горæт у æмæ дзы дур-дурыл дæр нал баззайдзæн. Фæлæ тæрсгæ ма кæнут, горæт сисыныл тохы ха- йад исынц бирæ æфоæдтæ, уыдон сты уæ алыварс. Базмæлыдысты адæм, машинæтæ, танкæтæ, сармадзантæ, уынгты цæуьщц развæдсгарджыты къордтæ æмæ марынц пат- рулты. Бон æрбацъæх. ГГолк ахæццæ горæты фаллаг кæронмæ* Немыцæгтæ хъуыддаг базыдтой. Фæлæ ам алы хæдзары раз дæр урæд æрцыдысты гæрзифтонг хæстонтæ. — Исчи дзы æд« тæмæ рахызт æмæ йæхи нæ радта, уæд мжгуыр йæ бон. Афтæмæй горæты гарьшзонæн йæ тых асаст: æфсæддон хæйттæ ма рабырстой сæ казарматæй, сæ хъахъхъæдадон бы- нæттæй, фæлæ уый уыд æрæджы. Уæдмæ не ’фсæдтæ сæ ных- мæ цыдысты цæттæйæ æмæ зын уыд уыдоныл фæуæлахиз уæ- вын. Хæдзæртты сæ чи уыд, уыдоы дæр ма æхсын райдыдтой РУДзгуытæй нæмыгзгъалтæ, хæдæхстæ æмæ гранаттæй, фæлæ сæм Саидботаловы хæстонтæ æмæ Тедейы фырты артиллерист- 621
тæ рудзгуытæй куы нызгъæлстой хæдæхстæ, гранаттæ æмаь сармадзантæй, уæд сæ бар^æнæбары бахъуыд горæтæй али- дзыны сæр. Немыцы æфсæдтæ фæстæмæ лидзыныл фесты Одессæйæ, горæты хъæздыгад сæвæрдтой сæ машинæтыл æмæ сæ фæцæй^ ластой Тирасполы ’рдæм. Георгийæн лæвæрд æрцыд бардзырд. Уый уыцы иу бырс- тæй афсæрста, бацахста Одессæйæ Тираополы ’хсæн ацæуæк- тæ æмæ карз тохтæ самадта фæстæмæлидзæг немыцæгтимæ. Афтæмæй уый ам комкоммæ æхстæй ныппырх кодта бирæ автомашинæтæ, цалдæр танкæтæ, сармадзантæ. æмæ минамет- тæ. Скуынæг кодта бирæ фашистты, уацары ракодта 200 сал- дат æмæ афмцеры æмæ байста 600 автомашинæйы æд фæллой. Уæдмæ бынтон асыгъдæг Одессæ немыцаг тыхæшсджытæй. Не ’фсæдтæ дарддæр афсæрстой æмæ та Георшйы артилле- •ристты æххуысæй немыцы картæйæ тæхынц хъæутæ, горæтгæ, арæнтæ: æртхæрæйнаг Измаилы фидар, Кишиневы къ^елæт,, Бессарабийы ССР, Румыны арæн... Æмæ мæнæ, гъе, фронты Филиппов Н. редактор кæмæн уыд, уыцы хæстон газеты иу фарсыл — ныв. Ам, стыр бæласы бын^ сармадзан здæхт у немыцы ’рдæм, ифтындзынц æй артилерист- тæ æмæ сæ уæлхъус хидæйдзагæй лæууы бæрзонд, бæзæрхыг лæппу — хистæр лейтенант Тедеты Г. Уый йæ дард фæлгæсæн- тæ йæ цæстытæй æруагъта æмæ, цæуылдæр арф хъуыдыты ацæугæйæ, кæсы размæ, сармадзаны æхст онарядтæ кæм кæ- лын/ц, уырдæм. Нывы <бын фыст ис:' «Фыдыбæстæйон хæсты I æиæ П-аг къæ- пхæны ордентæ æмæ «Сырх Стъалыйы» орденæй хорзæхджын- гонд хистæр лейтенант Тедеты Георгийы батарея хæсты рæстæ- джы ныппырх кодта II немыцаг танчы, 600 автомашинæйы бæрц æмæ скуынæг кодта иу минæй фылдæр немыцаг салдат æма) афицеры. Нывы хистæр лейтенант Тедеты Г. фæлгæсы сарма- дзаиы æхстмæ». > Уый уыд, æвæццæгæн, крыжопойлаг ус кæуыл дзырдта, уыцы ныв. ВИСЛÆЙЫ ХЪАХЪХЪÆДАДЫ .АТЫНД Сырх Æфсад Польшæйы арæнтыл хойьщ райдыдта немыцы дуæрттæ. Немыц цæхгæр ныллæууыдысты Вислæйы фурды былтыл æмæ загътой: — Ардыгæй фæстæмæ иу къахдзæф дæр нал! — Нал? — Нал! — Уæдæ хорз! Советон Æфсады Хистæр командæкæнынад ацы фронт ато- пын бахæс кодта армийы инæлар Чуйковæн. Чуйков йæ армийы 622
>орз равæрдта фронтыл, сифтонг æй .кодта æппæт хæцæнгæрз- тæй- Æмæ та ’мæнæ нæ хъайтар Тедеты Георги февзæрд ам дæр. Уый ныр капитан у, стырдæр сармадзанты батарейы коман- дир æмæ йæ æд батарея æрæрвыстой Чуйковы армийы 61 ди- ьизийæн <æххуыс кæнынм’æ. Урæд æрцыд нейтралон зонæйы бы- лыл. Ам алы километры уыд 300 сармадзаны.-Уыдон сæхи «цæг- тæ кодтой дыккаг бон, хурыскасты фæстæ, немыцаг фронт ато- нынмæ. Кæмдæрты хæдзæртты сæртæ æмæ бæлæсты цъуппытæ фæ- буртæ сты/ Сæуæхсиды хур сыл айзæрста йæ тынтæ, цыма сæ фæдзæхста: уæхи хъахъхъæнут, гъе, та сын æрхаста хæрзи- уæджы Уац. Арвы гуыбьш айгæрстой ракетæтæ æмæ, цыма йæ туг цых- цырæгæй калд, уыйау сырх цæх^æртæ калдта Вислæйы сæрмæ. Аст сахаты у, аст, зæгъгæ, ныххуыфыдысты уый æппæт сарма- дзантæ. Комбат Георги йæ ныхмæлæууæг фашисттæм ском- коммæ кодта йæ сармадзантæ æмæ æхста æнæрынцойæ, уæд- дæр немыц се ’хсын нæ уагътой. Уæд Тедейы фырты сарма- дзантæ æмæхст кæнын райдыдтой. Знаг ныссабыр: хъышпæй-сьшпæй дзы ницыуал сьгхъуысг. Армийы комаидир ныхъхъæбыс кодта Тедейы фырты æмæ йыи ныпъпъа кодта, — ныр фронт тыид у, зæгъгæ, æмæ <полк аф- сæрста Вислæйы иннæрдæм, бацахста плацдарм æмæ уым раи- дыдта тохтæ немьщимæ, афтæмæй ахызтысты иынæ хæйттæ дæр æмæ сурынц фæстæмæлидзæг • фашистты. Тедейы фырт ма знæгты фæстийæ куы сырдта æмæ не ’фсæд- тæн фæндаг куы гæрста, уæдармийы инæлар Чуйков та бадг Вислæйы ардыггаг былыл æмæ фыста тел Сырх Æфсады Сæй- раг командæкæнынадмæ комбат капитан Тедеты Георгийы «Сырх Тырысайы» орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй. Немыцы æфсæдтæ бæллыдысты, фæстейæ сæ Ч1и сырдта, уыцы хъайтары скуынæг кæнынмæ, фæлæ искуы æрлæууыдаик- кой æмæ хæст самадтаиккой йæ .ныхмæ, уый фадат сын .нал лæвæрдта Тедейы фырт. Уый ацы бон знæгтыл ауагъта æртæ мин нæмыджы. Æрмæст ацы ран нæ хъайтарыл æвиппайды дуне аталынг æмæ зæххыл сæмбæлд. Уайтагъд йæ уæлхъус балæууыдысты санбаты хæстонтæ æмæ йæ аластой ;госпиталмæ. * * *■ 1945 аз. Мæнæ, гъе, чи нæм лæбурдта, уыцы Германы зæхх, — горæт Кюстин. Ам ныр сты Советон Æфсад. Мæчæ та 416 æхсæг дивизийы 1.373 æхсæг полчимæ февзæрд Тедеты Георги. Райста йæ батарея æмæ та размæ бырсы нæ хæстол бæгъатыр семæ. . у • V 623
УЫЙ ТА ДЫН БЕРЛИН 416 æхсæг дивизи куыддæр балæууыд Берлины къæсæрыл, афтæ Тедейы фырт бардзырд райста ^орæты тохты хайад ран- сыны тыххæй.4 Тедейы фырт афсæрста йæ батареяимæ Берлинк уы№гты. Ам алы ран дæр æв|æрд уыд стыр -баррикадæтæ æмæ æф- садæн размæ ацæуæн нæ уыд. Сыздæхта сæм Георги йæ оар- мадзантæ æмæ та нæмгуытæ фæхæссынц баррикадæты кæра^- дзийы сæрты. Нæ фистæг æфсад афсæрста уæд дарддæр æмæ дæрæн код- та фашистты сæхи лæгæты. Фæлæ кæм лæвæрдтой уæддæр анæгтах сæхи. Удуæлдай тох кодтой Советон Æфсады ныхмæ. «Кæ,й уагътой, мæ хæдзар, немыц Рейхстагмæ, — загъта Теде- , йы« фырт, — хъуыддаг æрхауд хæсты хуыцау — артиллеримæ, Æз дæр дзы равæрдтон мæ сармадзантæ кæрæдзийы фæдыл рæгъ-рæгъы æмæ радтон æмыхст Рейхстаджы сæрмæ. Уыцы иу райдыдæй æз ауатътон фашизмы зæрд&мæ 300 сняряды. Æмæ канд æз? Уым уыд бирæ артиллерион тыхтæ. Уæдмæ Рейхстаджы сæрмæ февзæрд фæйлаугæ Сырх Тырыса. — Мауал æхсут Рейхстаджы, мауал, зæгъгæ, — бардзырд райстам, — знаг йæ <къухтæ сдардта, æмæ не ’хсын ныууагт^- там мах дæр. Æрзылдыстæм Рейхстаджы алыварс æмæ йæ кæр-^ ты сарæзтам стыр хъазт. Уæдмæ æзбацыдтæн мидæмæ, Рейхс- таджы тæккæ рæбинаг къулыл мæ джебогъы бырынкъæй ныф- фыстон: «Участник взятия Рейхстага — осетин, комбат капитан Те* деев Георгий Сачиноевич». — Æвæццæг^ен, уыцы крыжополаг ус ацы фысты кой кодта. Уæд æцæг зæгъы æмæ йыл æууæп- дæн ис». Куыд зыны, афтæмæй уыцы сылгоймаг дзырдта раст. Уы- мæн æвдисæн у Тедейы фырт йæхæдæг- Æмæ уæдæ æз кæн дзырдтон уæдæй нырмæ, уыдон дæр уыдысты раст, уымæн та æвдисæн сты, бæрæгбонты Тедейы фырты риуæй тæмæнтæ чи ыалы, уыцы ордентæ: Сырх Стъалы, Фыдыбæстæйон хæсты фыцщаг къæпхæны орден, Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къæп- хæны орден, Сырх Тырысайы орден, Александр Невскийы ор- ден... Афтæ бирæ майдантæ дæр. Комбат капитан Тедеты Сачинойы фырт Георги сæхимæ æрыздæхт 1946 азы. 1947'азæй иырмæ кусы Хъорнисы астæук- каг скъолайы æфсæддон къухдариуæггæнæг æмæ директоры хæдивдзгæй хæдзарадон фадыджы. йæ <куыст, йæ хъуыддæгтæ цæуынц рæвдз- Бирæ пæ уарзынц фæсивæд, ахуыргæнджыты коллектив.
Цхуырбаты Иван ÆФСÆДДОН КЪАМИСАР Советон Æфсады рæнхъыты 27 азы цæсгомджынæй службæ кæны Цхинвалы баиугонд æфсæддон къамисар, дæлбулкъон Тедеты Димитры фырт Павлик. Уый райгуырд Знауыры райо- ны Торманеулийы хъæуы. Райдиан скъола каст фæцис йæ рай- гуырæн хъæуы, ахуыр кодта Хъорнисы скъолайы æмæ 1941 азы та каст фæцис Дзауы астæуккаг скъола. Уыцы аз декабры Павел ацыдис Советон Æфсады рæнхъытæм. 1942 азы хорз æнтыстытимæ каст фацис Телауы æфсæддоп ахуыргæнæндон, радтой йын лейтенанты чин æмæ йæ снысан кодтой нæмыгзгъалæт взводы (командирæй. Арвыкомы Цым1ийы хъæумæ хæстæг Павлик хъæбатырæй тох кæнын райдыдта фашистон лæгмарты иыхмæ- Уымæн цал- дæр хæстонимæ бахæс æрцыд Цымийы цур хохы цъупмæ нæ- мыгзгъалæн схæссын æмæ знæгты хæдтæхджыты Дзæуджы^ хъæуы ’рдæм ма уадзын. Павел хæстонтæн хæдтæхджыты ных- мæ тохгæнæн нæмыгзгъал хайгай акæнын кодта се ’ккæйтты йæ схастой тæссаг къæдзæхтыл хо>хы цъупмæ. Хъæбатыр хæс- тонтæ авд боны æмæ авд æхсæвы, æрдæг æххормаг уæвгæйæ, нæмыг æнæвгъау • згъæлстой фашистон хæдтæхджытыл. Дыккаг вазыгджын хæслæвæрд Тедеты Павликæн бахæсгонд æрцыдис Даргъ-Къохы донбылгæрон. Уымæн полчы командир бардзырд радта бетон æмæ æфсæйнагæй арæзт агъуды бирæ- рæстæгон зьшгон тæпп соргапизаци кæнын. Тедены фырт уан- тагъд йæ хæстонтимæ бацахста агъуд, æрывæрдтой уым нæ- .мыгзгъал æмæ уырдыгæй фашисттыл нæмыг згъæлстоп их« уарæгау. 40* 623
Г.итлеронта» уым хъавыдысты доны сæрты рахизащ саразьш, фæлæ сын хъæбатыр хæстонтæ иунæг уысмы дæр уæгъДибарæй змæлыны фадат нæ радтой. Павел æмæ йæ хæстонтæ се ’нæбасæтгæ фидармæ нæмыг, хæринаг æмæ дон хастой æхсæвыгон, сæ гуыбыны цъарыл быр- гæйæ. Боныгон сæ фашистон снайпертæ сæ агъудæй æддæмæ ракæсын нæ уагътой. Уыцы тохы фæстæ Тедейы фырт йе ’фсæддон дæлхаимæ бахæццæ ис Азовы фурды былмæ. Полчы хистæртæ йын бахæс кодтой джебогъон тохæй хъæу Свестельниковмæ бабырсын æмæ уырдыгæй знæгты фæтæрын. Павел уайтагъд æрбамбырд кодта фæндзай хæсГолы бæрц æмæ сорганизаци кодта джебо- гъон размæбырст. Советон хæстонтæн уайтагъд хъæу сæ къухты бафтыд, гитлеронтæй ма удыгас чи аззад, уыдон тохы быдырæй æгады лыгъд фæкодтой. Уый уыдис Тедейы фьиртæя дæр йæ фæстаджы уæлахизон хæст. Джебогъон тохы фæстаг уысмы Тедейы фырт уæззау цæф фæци æмæ йæ цотг абон дæр аипджыиæй баззад- Уыцы тохы хъæбатырдзинад равдисыны сæраппонд Тедейы фырт хорзæхджын æрцыд «Хъæбатырдзина- ды тыххæй» майданæй. Уæззау цæфы фæстæ Павликæн йе нæниздзинад к.æй фæцу- дыдта, уымæ гæсгæ йын бар нал радтой фролтмæ аздæхынæч æмæ æрвыст æрцыд æфсæддон къамисариаты системæмæ. Куыста Ленингоры æмæ Цхшдаалы районты. 27 азы дæргъы Советон Æфсады рæнхъыты Тедеты П. Д- цæсгомджынæй кæй службæ кæны, уый.„тыххæй хорзæхджыч æрцыд дæс медалæй æмæ Гуырдзыстоны Сæйраг Советы Пре- зидиу^ы грамот^етæй. Павел ма йæ хорз* куысты тыххæй 18 хатты райста арфæйы ;грамотæтæ æмæ лремитæ. Тедеты Павел у партийы Цхинвалы горкомы уæнг.
Гаглойты Никъаля ФЫДЫ ФАРН 1921 азы Гуырдзыстолы Советон хицауад куы ’рфидар, уæд Тедеты Кизо дæр йæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрдта. Йæ бинонты ркодта йе ’ртхутæг хъæумæ æмæ та ногæй царды бындур æрæвæрдта. Иæ фырт . Бееæ рæзти — хъæлдзæг, коммæгæс лæппу, 1926 азы бацыд скъоламæ. 1933 азы зæрдæргъæвд лæилу Дза^ уы скъолайы каст фæци 7 къласы æмæ бацыд Цхинвалы ие- дустриало-н • техникуммæ. Фæлæ ацы ахуыргашæндон сæхгæд- гой æмæ Бесæ йæ ахуыр адарддæр кодта Сухумы техникумы* Уый фæстæ экзаментæ радта политехникон институтмæ. Гъе, фæлæ Бесæйæн рагæй дæр йæ зæрды уыд æфсæддон-инженерок ахуыргæнæндонмæ бацæуын æмæ йьш æнтысгæ дæр бакодта. 1941 азы Тедеты Виссарион (Бесæ) æнтысгæйæ каст фæци: Мæскуыйы æфсæддон-инженерон ахуыргæнæндон æмæ йæ рар- выстой Тбилисы инженерон батальонмæ. Кизойы цинæн кæрон нал уыд: йæ фырт, йæхиау, ныллæу- уыд æфсæддон фæндагыл. «Æмæ мæнæн уыцы кадджын служ** бæйы бæрзонд схизыны фадат нæ уыд, фæлæ мын Бесæйæк дуæрттæ гом сты», — хъуыды кодта фыд. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Виссарионы снысан кодтой фæндæгтæ-хидтæ аразæг ротæйы командирæй æмæ йæ арвыстой Турчы арæнмæ. Уый фæстæ Сау денджызы былыл арæзта фидæрттæ- Фæззæджы Виссарионы æфсæддон лæлхайы фыццаг Цæгат Кавказмæ арвыстой, стæй та Керчь? доибакæлæнмæ. Ам уый, знаджы бомбæтæ сыл калдысты, аф-* 627'
тæмæй ифтонг кодта не ’фсæдтæн ихыл ахизыны хъуыддаг. 1942 азы Тедейы фырты снысан кодтой инженерон батальо- ны штабы хистæрæй. Инæлар-лейтенант Львовмæ йæ куы ба- кодтой, уæд ыл уый йæ сæрæй йæ къæхтæм йæ цæст æрхаста, абарста йын йæ домбæйттæ гуырыконд æмæ йæ афарста: — Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, ды мыййаг Тедеты Симоны (афтæ фыстой Кизойы — Г. Н.) фырт нæ дæ? Уый дæр раст дæ хуы- зæн рихиджын уыд. ’ — Раст зæгъыс, æмбал и,нæлар, — бахудт Виссарион æмæ ахъуыды кодта: «Диссаг, кæцæй мын зоны мæ фыды?..» — Уый дын, гъе, — фестад инæлар, Тедейы фыртыл атыхст, йæхи хъæбулау, стæй йæ æрбадьш кодта йæ цуры æмæ йемæ хæларæй ныхас райдыдта: — Зоныс, æфсымæр, 1915 азы дæ фыд Хурныгуылæн фронты мæ комалдир уыдис. Хъæбатыр æмæ карз лæг уыд. Раст дын куы зæгъон, уæд дзы тынг тарстыстæм, фæлæ йæ уарзгæ дæр афтæ кодтам. Æгæрыстæмæй, уый фæзмгæйæ, рихитæ дæр рас- къæрдтам, — загъта Львов æмæ йæ даргъ бур рихитæ адаудта. — Гъы, зæгъ-ма, Симон ныр цы аразы, куыдтæ цæры? — Колхозы сæрдарæй кусы. Инæлар уайтагъд писмо афыста: «Зынаргъ Симон! Кæддæр ды уыдтæ мæ командир, ныр та •æз дæн дæ фырты командир. Цæргæс у, цæргæс, дæ фырт- Дæу дзуæрттæй хорзæхджын кодтой, ’мах та дæ фырты .— ордентæй. Дæ зæрдæ йæм ма ’хсайæд. Хæст куы фæуа, уæд дæм уазæг- уаты бацæудзынæи. Зæрдиагæй дыи’ æлхъивын дæ къух. Дæ рагон хæлар Львов»... Писмо конверты нывæрдта æмæ йæ Виссарионмæ радта: — Арвит æй дæ фыдмæ. — Стæй йын райдыдта, батальоны раз цы хæстæ лæууы, уыдон амонын. Хъуамæ зиаджы æрба- бырсæнты нывæра ’минæтæ. Уый хæссаг куыст у, фæлæ æндæр амал нæй, зæгъгæ. — Æмбарын, æмбал инæлар. Тас саперы æмбæлццон у, — загъта Виссарион. — О, о; уыйраст у. Фæлæ ды, кæдæм не ’мбæлы, уырдæм дæхи ма *ппар. Уæвгæ, дæ фыд дæр афтæ кодта. Цæй, фæнда- раст, — сыстад инæлар. йæ къух бадардта Виссарионмæ. Виссарион сæрыстырæй рацыд: «Командæгæнæг — мæ фы- ды хæлар». Конвертыл адрес ныффыста, стæй фæдзырдта: — Джиголайы фырт! Уый уайтагъд æрбазгъордта, æфсæддон салам авæрдта æмæ æнхъæлмæ кæсы. — Дæ хорзæхæй, Аким, мæнæ ацы писмо постхæссæгмæ фæ- хæццæ кæн- \ Хæстон уайтагъд фæаууон. Виссарион йæ фæстæ каст æмæ хъуыды кодта: «Инæлары загъдау, ап дæр, кæдæм нæ хъæуы, 4328
уым дæр смидæг вæййы. Фæнымæгдæр ы-н хъæуы уыцы цæ- хæр». Майы æмбисы фашисттæ карзæй бырсьщ райдыдтой. 51 а-р- мийы ацæуын бахъуыд Таманы æрдæгсакъадахмæ. Мæлæтдзаг цæф фæцис инæлар Львов. Виссарионы фенгæйæ ма ныллæг хъæлæсæй афтæ бакодта: ’ — Ехх, Ирыстонмæ бацæуын мын нал... — æмæ бамыр. Тедейы фырты цæссыгтæ æркалдысты... -Фæстæдæр, 1943 азы, не ’ффедтæ размæ бырсын -куы рай- дыдтой, уæд Виссарио’ны снысан кодтой хæххон минæйон-инже- нерон батальоны хистæрæй. Ацы батальон ифтонг кодта не ’фсады размæбырст Мæздæгæй суанг Азовы денджызмæ; арæз- та хидтæ, фæндæгтæ, знаг минæтæ цы бынæтты «ывæрдта^ ууылты не ’фсадæн арæзта цæуæнтæ. 1943 азы Тедейы фырт æрвыст æрцыд Украинæйы 4-æм фронтмæ. Ам дæр иттæг х-орз æххæст кодта йæ батальон ко» мандæкæнынады хæслæвæрдтæ. Нæ хъахъхъæдады раззаг хах- хыл æвæрд æрцыд фараст мин минæйæ фылдæр, 150 метры бæрц та Х)ид сарæзтой. 1944 азы 8 марты Тедейы фыртмæ фæсидт дивизийы комап- дир æмæ йын загъта: — Мæйы фæудмæ алы ротæйæн дæр минæгонд быдырты сараз дыгай ахизæнтæ. Нысæиттæ сыл бакæн æмæ сæ базэ- нын кæ,н ротæйы командир^тæн. Хид фехал, цæмæй ифтонг æр- цæуа, мемыцаг æфсадæн рахизфарс цы къорд ис, уый уацары ракæныны хъуыддаг. Тедейы фырт, цæмæй ацы бардзырд афоныл æмæ хорз сæх-, хæст кодтаид, уый тыххæй йæхæдæг æхсæвы тары дыууæ са- перимæ ацыд знаджы хъахъхъæдады раззаг хахмæ æмæ йык: бæстон сбæрæг кодта йæ фидæрттæ. Дивизийы командир куы базыдта, разсгарэаг Виссарион йæ~ хæдæг ацыд, уæд æм феххæлыд: — Куыд æнхъæл дæ, батальоны командиртæ махæн не ’нгуылдзтЫл зайынц?!. — О, уый ,раст у, фæлæ ком^андиры цæст хуыздæр фен* дзæн, — загъта Тедейы фырт. — Уæдæ та ныр хид халынмæ дæр дæхæдæт цæудзынæ? -~~ тызмæггомау æй афарста комдив. — Уæдæ чи? — Чи, чи, искæцы фæлтæрд æмбал. Виссарион’ æм комкоммæ бакаст: — Æмбал комдив, мæхицæй фæлтæрддæр нæм нæй. Комдив гæзæмæ йæ мидбылты фæхудт: — Хорз! Архай дæхимæ <гæсгæ.,Æндæр хатт ма аныхас кæн- дзыетæм. Ды хæххон (ирон кæй дæ, уый зонын, фæлæ ма коман- дон кадртæ æвæрьщ хъæуы. Тедейы фырт йæ саперты тæккæ фæлтæрддæртæй иу къорд 629
сарæзта æмæ сæ сæрмагонд йæхæдæг ахуыр кодта- Джиголайы, фырты хуызæи хъæбатырты-иу знаДжы хъахъхъæдады фæс- чъылдым дæр февзæрын кодта. Размæбырсты -рæстæг куы ’рцыд, уæд Виссарион доны был- ты ацыд æртæ километры бæрц. Бахæццæ сты хидмæ. Разсгар- джытæ хъахъхъæнджыты амардтай .æмæ сапертæ уайтагъд сæ , хъуыддаг бакодтой: хид арвмæ фæтахт. Фашисттæ, бызычъи бындзыты ахстонау, сызмæлыдысты, нæмгуытæ ихуарæгау нызгъæлстой. , ^ — У, цъаммæрттæ! — фæкодта Тедейы фырт. — Фæцæф дæ? — базгъордта йæм Джиголайы фырт- — О, чысыл мæ сæрыл ауад. Ницы йын у. Райдыдта нæ размæбырст. Знаджы æфсæдты стыр къорд уацары бахауд. Комдив Тедейы фьърты къух нылхъывта: • —Де сгуыхтдзинæдтæн дын аккаг аргъ скæндзыстæм. Уый фæстæ хъæбатыр тохтæ цыдысты Сапун-горайы цур. Ам Виссарионы сапертæ машæгонд быдырты сарæзтой цыппор ахизæиы бæрц- Севастополы та сапертæ минæтæй сыгъдæг код- * той уынгтæ. дæр. Хъырымæй Тедейы фырты сапертæ сæ фæндаг дардтой Бе- лоруссимæ. Сæдæ километры ацыдысты иу æхсæв æмæ иу бон. - Цæугæдон Дубиссæйы былтыл сарæзтой мйнæгонд быдыртæ, здамæй Ригамæтындзæг знæгты фæндаг <1лЫг кодтаиккой. , , Уый фæстæ саперон батальон йæхи цæттæ кодта Неманыл ахизынмæ. Ацы хæс дæр та афоныл æххæст æрцыд ,æмæ пе "фсад бабырстой Кенигсбергмæ. Комдив Черепаноцæн куы фехъусыи кодтон,* зæгъгæ, Кенигсберджы фæйлауы нæ уæлахи- зы тырыса, уæд-’уый афтæ: — Уыцы тырыса ахуырст у Тедейы фырты æхсарджын са* лерты тугæй- Кад сын æнусбонтæм! Комдив уый фæстæ Виссарионы фыдмæ ныффыста писмо: «Зынаргъ Симон! Советон зæхх ссæрибар кæныпы сæрыл æппæт тохты дæ фырт уыд фидар æмæ хъæбатыр хæстон... Ма< буц стæм ахæм хъайтар командирæй æмæ дын зæрдæбынæн арфæ кæнæм. Æфсæддон еаламимæ. Черепанов». Тедейы фырт йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæх- джыи у фондз ордеиы æмæ аст майданæй- Иыртæккæ’ Тедейы фырт кусы Хуссар Ирыстоны æмбæста- гон хъахъхъæдады хистæрæй. Раст зæгъы, æвæццæгæн, ирон æмбиеонд: фыды фарн мæрд- тæм нæ цæуы. - I
Джиоты Катя КАДЫ НУÆСТÆ Хъуымбылдзыкку, нарæгастæу, гуырвндыц. Уалдзыгон иог- дзыд хъæзау, тасгæ æрцæйуайы уынгты. Дыууæ сау æрфыджы æрвгъуыз цæстыты сæрмæ сæхн аив спстойгЦæогом,хурау, ху- ды. Æ’ппынæдзухæй мидбылхудт йа> цæсгомыл нæ сысы. Нырма æвзоиг чызг. Бæрцæй йыл сæххæст дыууæ æмæ ссæдз азы. Чызджы зæрдæйы, уалдзыгон дидпнæгау, райхæл- дысты иууыл рæсугъддæр, уæлмонц æмæ, цæстысыгау, сыгъ- дæг æнкъарæитæ. Тедеты Таси, Ир’ы чызджыты хъаруджыЪдæр æмæ сæрæн- дæртæй, райгуырд Ирыстоны рæсугъддæр къуымтæп сæ иуы — Дзауы районы Цъоисы хъæуы.’Æвæдза, æрдз йæ рæсугъддзи- над нæ бахæлæг кодта æвзоцг чызгæн. Æххæст алцæмæй: зон- дæй, æгъдауæй, хъару æмæ рæсугъддзинадæй. Амондджып вæййы ахæм чызг! Æмæ куыд нæ уа амопд- джын, кæд æмæ йæ рæсугъддзинад æхцондзинад даздты зæрдæ- йæн, кæд æп уарзынц адæм, кад ын кæньгпц йæ зонд, йе ’гъда- уæн. Тедеты Таси, нæхи Таси, — афтæ йæ хуыдтоп чысылæп. стырæй, .æддагонæй, хиопæй. Æниу гакъон-макъой уыд Тасийы царды фæпдаг. Хæрз чы- сылæй баззад сидзæрæй. Бирæ маст æмæ фыдæбæттæ бавзæрс- та йе ’взонджы бонты. Куы бахъомыл, уæд æй йæ фыды æф- сымæр Самсоп ракодта Дзаумæ. Скъола каст фæци æмæ ку- сын райдыдта Дзауы бастдзинады къанторæйы телефонисткæ- 631
йæ. Кæм ма уыд кæрон сидзæр чызджы цинæи. Ныр кусынхъом фæци, йæ мыздæй йæхи дардзæн. Æвзонг чызджы бæллицтæ... æнæхуыссæг æхсæвтæ.-. 1941 аз. Июны мæй. Хуьицаубон. Таси куыстæй уыд сæри- бар. йæ зæрдæйы дзæбæхæн рацыд йе ’мбал чызджытимæ тез- гъо кæнынмæ. Районы центрмæ рахæццæ. Амбæлди йЫл йæ зонгæтæй чи- дæртæ. Цыдæ^р мæстджын æмæ тарст цæсгæмттæ сын уыд. Чызг хорзау нал уыд. Бафа’рста кæйдæр, цы хабар у, уымæй... . Æмæ фехъуыста... ...Фехъуыста æвирхъау хабар: фашистон Герман æрбабырс- та Советон бæстæмæ. Хæст райдыдта... Райдыдта..- Æвзонг чызг фæцыд хæстмæ. Фæцыд, уымæп æмæ хæсты быдыры æнæмæнг хъуыд йæ сæр. Таси, æйттмар- дзæ, æвзыгъд радисткæ, Иры .разагъта фæсивæдимæ уый дæр ^сæстон хотых йæ къухмæ райста. Службæ кодта Красподары зæххыл, фронты раззаг хаххыл, уыд радисткæ. Уырдыгæй райдыдта Тасийы тохы фæндаг Фыдыбæстæйон хæсты. Хæсты быдыры æвирхъау тохты Таси акъуырдта сылгойма- джы фидьщ— йæ диссаджы дыууæ дзыккуйы быды. Æовдæр гæнæн нæ уыд- Хæст сылгоймаджы хъуыддаг нæу, фæлæ йæ сæр куы бахъæуа, уæд та хъуамæ архайа, хæсты уавæртæм гæсгæ. Ныккодта салдаты пилоткæ, скодта салдатьг уæззау цырыхъхъытæ æмæ йа^ нарæг астæу æрбалвæста ронæй. Æмæ райдыдта йæ маст исын знагæй. Иу карз тохы ’не ’фсæддон штабимæ бастдзинад аскъуыц. Таси ацыд бастдзинад саразьшмæ. Чысыл ма куы уыд, уæд йæ зæрдæ алцæмæй дæр тарст. Фæлæ ныр, хæсты быдыры, уьщьг тас цыдæр æрбаци; Быры йæ цьшпæртыл телефоны телы фæ- дыл. Алырдыгæй хæлынц бомбæтæ. Бæстæ арт æмæ цæхæры судзы. Зæхх уæрмытæ фестад... знаджы нæмгуытæ æппынæдзу- хæй, æхситтгæнгæ, тæхынц йæ сæрты, фæлæ уæддæр быры, тындзы телы (Ьæдыл Таси. Цæсгом, риу, къухтæ цъыфы сæв- дылдысты... Иу афоны знаджы нæмыг сæмбæлд йæ пи- лоткæйыл, акъуырдта йæ. Сæры хъуынтæ æркалдысты цæстытыл. Цъыф .къухæй сæ фæстæмæ сæрыл афасы, æмæ та атындзы... Мæнæ телефоны скъуыд тел. Немыцæгтæ бафиппайдтой чызджы, æхсын æй райдыдтой, чызг бамбæрста, удыгасæй йын аирвæзæн нал и. йæхи нылхъывта зæхмæ, нал змæлы, мард- æфсон скодта. Тасийæн йæ зæрдæ къултыл йæхи хойы. Мæлæты маст æй нæй, фæлæ йæ хæс нырма нæ сæххæст кодта, уым, не ’фсæддон ш’табы, ах^джиаг бардзырд адæдтын хъæуы æмæ уый та Таси- йыл баст у- 632
Тых æмæ амæлттæй баиу кодта телты. Бастдзинад сырæзг. фырцинæй чызджы зæрдæ скафыд. Изæрдалынгтæм баззад уым, стæй рабырыд аивæй тохы быдырæй. Иудзæвгар куы абырыд, уæд йæ хъустыл ауад цæйдæр унæр. йæ мидбынаты бандзыг, æдзынæг сæм байхъуыста. «Æвæццæгæн, немыцæгтæ сты», — схæлбурцъ кодтой сæры магъзы алыгъуызон хъуыдытæ. Фæлæ диссаг, дзурынц уырыс- сагау, æмæ канд уырыссагау нæ, цыма йæ хъустыл ауад ироч ныхæстæ. «Нæ, нæ, уый мæ, æвæццæгæн, мæ хъустæ сайынц» — не ууæнды чызг. Фæлæ къæхты унæр ихæстæгай-хæсхæгдæр кæны. Ныхас дæр бæлвырд-бæрæгæй хъуысы... Ныр дызæрдыг нал кæны, ирон ныхас кæй хъусы, ууыл. «Цæгат Иры ныхасы здæхтыл дзу- рынц», — сцин кодта йæхимидæг. Тасийæн фырцинæй йæ тас цыдæр æрбаци, фæгæпп кодта. Уыдон сæ дамбацатæ Тасимæ комкоммæ ныддардтой: «Руки вверх!» Таси с,æм йэахи бшпæрста фырцинæй ма цы загътаид, уымæн ницы уал зыдта, бахудт æмæ ма сæм иронау сдзырдта: «Вверх нæ, фæлæ вниз». Æфсæддонтæ фæджих сты, сæ иу фыр- цинæй фæхъæр кодта: «Ирон чызг! Ирон чызг!» Иннæ йын уæддæр йæ документтæ ’ркуырдта. Таси сæ фенын кодта. Æр- каст сæм æфсæддон æмæ разыйæ сдзырдта: «Ирон чызг, Теде- тæй, 114 æхсæг полчы чызг». Хорз æй суазæг кодтой, сæуавæр- ты цы гæнæн уыд, уымæй. Хатыдысты йæм, цæмæй уыдон æф- сæддон хаимæ баззадаид, фæлæ Таси не сразы йæш æмбæлт- тæй фæхицæныл (хъыгагæн сæ хорз нæ бахъуыды кодта, сæ иу уыди Дзанайтæй). —Ацыд йæхи полкмæ. Таси иронау æртæ алфавитыл кæсын кæй зыдта (латинаг, гуырдзиаг æмæ иронау), уый тыххæй йæ 1943 азы ракодтой радисткæйæ æфсæддон цензурæмæ кусынмæ. Куыста. Туапсе, Харьков æмæ Краснодары горæтты. Иу ахæм фæндагыл та рацæйцыд 1943 азы 30-æм майы вил- лисыл. Бадтысты йыл фондз æмбалæй. Сæ тæккæ цур æрхауд- та бамбæ, машинæ ныппырх- Шофыр æмæ йæ цуры чи бадт, уыдоны бомбæ кæдæм фæхаста, уый бæрæг нал уыд, Тасийы цур чи бадт, уыдом дыууæйæ уæззау цæфтæ фесты, йæхицæн та йæ хъуыр — хурхы уадындз, йæ галиу уæхск æмæ йæ уæраг фæцæф сты. Йæ тæвдæй «ицæмæ æрдардта йæ цæфтæ, афтæмæй уыцы Дыууæ цæфы куыддæртæй госпиталмæ бахæццæ кодта. Сæ иу жхсæв амард, (иннæ та йæ райсом. Таси йæ цæфтæ æмбарын байдыдта, йæ галиу цонг æмæ къах сисын йæ бон нал уыд. Цасдæр фæци Краонодары тоопиталы, стæй йæ ракодтой Ба- кумæ. Знæгтæ йын йе «æниздзинад кæй бахъыгдардтой, йæ бон фæстæмæ фронтмæ аздæхын кæй нал баци, уымæ гæсгæ сыз- дæхт 1944 азы августы мæйы йæ райгуырæн Ирыстонмæ лейте- нанты чинимæ. Ам дæр та Таси нæ бацагуырдта йæхицæн улæ- бз.г
ф>æн бынат, фæлæ йе уæхск нырма баст, афтæмæц бацыд кусьпь мæ йæ раздæры бынат — Дзауы районы бастдзииады къанто- рæмæ. Куыста æнæрулæфгæйæ æхсæвæй, бонæй. Иæ райгуырæн бæстыл ахæм æнувыд кæи у, хицауад дæр ын уый тыххæй саргъ кодта æмæ йæ схорзæхджын кодта нып- хгар майданæй: «Хъæбатырдзмнады тыххæй», «КаВказ ба- хъахъхъæиыны тыххæй, «Германыл фæуæлахизы тыххæй» æмæ «Хъазуатон куысты тыххæй». Æрыздæдт Таси тохы быдырæй^ йæ кæддæры рæсугъд цæс- гом ьш æвйрхъау хæст баууылдта. Нуæстæ... нуæстæ- Сылгоймаджы -рæсугъд /цæсгом æви- дыц ч«и кæны, уыцы æвирхъау нуæстæ. Хæсты быдыры, рагуал- дзазджы йъитийы хъæбысы малусæг ирдгæмæ куыд басийы, афтæ æвирхъау хæсты быдЫры бампылд æвзонг чызджы бæл-' лпцаджы рæсугъддзинад. ’ ’ ’ Фæлæ Тасийы нуæстæ сты кады нуæстæ, лæгдзинад æмæ æхсардзинады нуæстæ. Фæци Фыдыбæстæпон хæст... Æнæхъуаджы нæ фесты Тасийы фыдæбæттæ. Ныр мад у, цыппар чызджы мад. Таси канд хорз æхсæнадон кусæг иæу, фæлæ ма у хорз царды æмбал, хорз, мад. йæ чызджытæй дыууæйæ ахуыр кæнынц уæлдæр ахуыр- гæпæкдæтты, дыууæйæ та ,— астæуккаг скъолайы. йæ чьн- джытæ дæр, йæхиау, сты адæмуарзон, ,сæ сыхæгтæй чп нæ ба-, хæлазг кæпы Таси æмæ йæ цардæмбал Тугъаны цыппар чызг- мæ. ’ *
Лæррæстагы Алыксандр , ХЪАИТАР ПАРТИЗАН Хæст раджы фæц;ис, æнусы цынпафæм хаймæ æввахс рæс- тæг рацыд уæдæй иырмæ. Чизоны, афоп у, бир^ты зæрдæты цы хъæдгæмттæ ныууагъта, уыдон байгас кæнынæн. Фæлæ зæр- Дæйы хъæдгом афтæ æнцонæй пе "гас кæны. Ныр дæр ма блрæ ныййарджытæ рацæуынц фæндаджы былмæ æмæ фенхъæлмæ кæсыиц сæ дард бæлицæттæм* Уырн- гæ дæр сæ нал кæны, æгас ма уыдзысты, уый, фæлæ уæддæр зæрдæ хивæнд у, æнхъæлмæ кæсы... Ахæм уавæры сты Цъунары хъæуккаг Тедеты Гио æмæ йе ’мкъай Даро дæр. Абон д’æр’ма æнхъæлмæ кæсынц сæ фæдисон- тæм, се ’ртæ, цæргæсмæ. Хъæубæстæ сæ кæддæр .амондджын,- ныййарджытæ хуыдтой. Се ’ртæ фырты æмæ дыууæ чызджы фендæй зæрдæрухс кодта, адæмæи уыдысты уд æмæ дзæцц. Ясон уыд зæпæджы хистæр, областы хуыздæр спортсмен- тæн сæ иу, рог атлетикæйæ бирæ хæттыты ’пæ тыхтæ æвзæрстз нэе республикæйы раззатондæр ’спортсментимæ æмæ-иу ыи уыд хорз æнтыстытæ. Спортмæ ахæм æвзыгъд кæй уыд, уымæ гæсгæ Ясои йæ ахуыр адарддæр кæныны тыххæй ацыд Лешшграды физкульту- рон ннститутм’æ. Фæлæ афтæ куы загъта,. зæгъгæ, цыр мæ ахуыр фæдæн æмæ мæ зопыпдзииад ратдзынæп Ирыстшы рæз- гæ ф/æлтæр физикои æгъдауæй, фидарæй схъомыл кæиынæн, уæд уыцы аз, 1941 азы 22 июпы, фыдызнаг æрбабырста нæ Райгуырæн бæстæм. Æхсарджын советон адæм стыр разæн- гардæй цыдысты сæ фыды зæхх бахъахъхъæиынмæ. Хæсты фыццаг бонты Я’Сон’ фыста йе ’фсымæр Федямæ: «Фæдæн- 63?,
мæ ахуыр, паддзахадон экзаментæ радтон хорз лысæнгшмæ, фæдзырдтой мæм ^æмæ мын загътой, зæгъгæ, дæ хъуамæ æф- оæддон .академимæ арвитæм ахуырмæ, фæлæ сын æз цæх.лæр «нæ» загътон. Æппæт советон фæсивæд хæстмæ цæуынц, Рай* гуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ æмæ æз та ахуьир кæнон, уый нæ уыдзæнис. Абон куырдиат балæвæрдтон, цæмæй мæ фронтмæ арвитой...» ’ Æвзьпгъд апортсмен Ясон æрвыст æрцыдис Цæгат фронт- 4 мæ лыжæты æфсæддон къорды командирæй. Уырдыгæй йæ фыццаг фыстæджы йе ’фсымæр Георгимæ фыста: «Тагъд ды дæр фæцæудзынæ Райгуырæн|бæстæ бахъахъхъæнынмæ!. Чи зоны дæ ацы фыегæг бынаты нал ныййафа, фæлæ ма кæд нæхима* уай, уæд-иу ныфсытæ радт нæ ныййарджытæн. Рæхджы фыд- ызнаг скуьшæг уыдзæн æмæ сæм æрцæудзыстæм уæлахизæй». Хъыгагæн, Георги нал райста уьщы фыстæг. Уый дæр, Ясо- нау, хæеты райдианы фæцыд Райгырæн бæстæйы раз йæ хæс бафидынмæ. Фыстæг райста йæ кæстæр æфсымæр Федыр. Уый æххæст кодта йе ’фсымæры фæдзæхст, йæхимæ райета хæдзары уаргъ, фæлæ иу хъуыды йæ сæрæй нæ хицæн кодта: «...хæсташ йæ кæ- рон нæ зыны, сæ туг кальшц ме ’фсымэ^ртæ, мæн дæр бахъæу- дзæн хæцæнгарз райсын, тохы быдырмæ фæцæуын». Йæ фæнд акодта Федыр. Иу изæр æрбацыд ^горæтæй, йæ хъуыды бамба- рын кодта йæфыдæн. Фыд зыдта йæ фырты зæрдæйы уаг. Цы йын хъуамæ загътаид, — Райгуырæн бæстæйы раз хæс фидын хъæуы. «Бæргæ,нын зын уыдзæнис, фæлæ исты амал кæндзы-* стæм. Æрмæст-иу дæхимæ кæс, æнæхъуаджы дæхи ма бабын кæн!» Дыккаг бон Гиойы æртыккаг фы,рт Федыр фæцыдис тохы быдырмæ. Ныййарджытæ баззадысты сæ чындзыты æвджид. . Ясон хæсты фыццаг бонæй фæстæмæ йæхи равдыста æвзыгъд хæстонæй, активон хайад райста Цæгат фрон-' ты, Мæскуыйы цур, Украинæ æмæ Польшæйы зæххыл тохтьь Ясон цы æфсæддон дæлхайы уыдис, уый-иу æнæ-нхъæлæ- джы февзæрд знаджы фæсчъылдым, ракодта-иу сын стыр зиæнттæ, схæццæ-иу ын кодта йе ’фсæддои хæйтты, знæгтæ-иу фырадæргæй арвы цæфау фесты. Ясон Укра’инæйы зæххыл куы хæцыд, уæд, иу стыр опера- ци æххæст кæнгæйæ, бахауд знаджы фæсчъылдыммæ. Иæ хæс- тон хæс бæргæ 'Сæххæст кодта, . фæлæ йьш .нал бантыст йе ’фсæддон хай осарын æмæ, уыдон агургæйæ, бахаудис Украинæ- йы зæххыл архайæг партизанон къордмæ. Тедейы фырты æфсæддон архайдтытæн, знаджы фæсчъыл- дым, партизанон къорды рæнхъыты, æвдисæн у, 1946 азы йæ лыййарджытæ Ясоны хæстон æмбал, укралнаг сылгоймаг, ахуыргæнæг Воробейæ цы фыстæг.райстой, уый. ( Уый сæм фыста, зæгъгæ, уæ фырт 1943 азы цардис мæ фа- теры (æфсæддон-партизанон хæслæвæрд æххæст кæнгæйæ). 636
Уыи уыд, Приходько цы партизанон къордыл командæ кодта, уый сконды æмæ ахъаззаг тох кодта оккупантты ныхмæ. Нымад уыдис иууыл хъаруджындæр партизаныл, иууыл бæрнондæр Ьперацитæ-иу æххæст кодта Ясоны партизанон къорд. Приходь- койы партизанон къорд фæстæдæр стыр тохтимæ .ахызтис Поль- щæйы зæхмæ æмæ уæдæй фæстæмæ ницыуал базыдта Ясонæй. йæ фыстæджы Ворабей куырдта, цæмæй йын фехъусын код- таиккой, Ясон кæм ис, уый. Фыстæджы арфæ кодта Ясоны ный- йарджытæи, ахæм сахъгуырд кæ,й схъомыл (кодтой, уый тых- хæй. Воробей йæ фыстæджы кæрон фæдзæхста: «Уал азы фæс- тæ мæ хæстон æмбалы кæй агурын, уый уæм диссаг ма фæкæ- сæд. Ясон уыд нæ хуыздæр хæстон, гъе, стæй нæ хæстонты хуыздæр æмбал...» Ахæм фыстæджытæ бирæ æрцæуы Цъунары хъæумæ Ясоны ныййарджытæм дæр. Дыууæ зæронды, кæд сæ фырттæй æнæда- ’ рæг фесты, уæддæр сæ зæры бон сæрыстыр сты. Æргæ æфсымæрæй. алчи дæр хъазуатон тох кодта, фæлæ уæддæр адæмæн æмб’исовдæн баззад Ясон. Уый Польшæйы зæх- хыл куы хæцыд, уæд дзы фашисттæ арвы талынгты кодтой. Мæнæ цахæм характеристикæ ис Ясоны тыххæй СЦКП • Централон Комитеты ^марксизм-ленинизмы институты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайады архивы: «Тедеты Ясон рай- гуырдис 1917 азы Хуссар Ирыстоны Цъунары хъæуы. Хæсты рæстæджы уый уыд партизанон къорд «Олимпы» командиры адъютант. 1943 азы январы мæйæ 1944 азы июны мæймæ уыд « Олимпы» взводы командир. Немыцаг-фашистон тыхæйисджьг тимæ тохы Тедейы фырт йæхи равдыста хъæбатыр æмæ ныфс- хаст командирæй, Ясон се ’гасы разæй ахызтитис цæугæдон Ныгуылæн Бугыл æмæ активон хайад райста, рахизфарс цы бирæнымæц знæгтæ уыдис, уыдо^н ныхмæ тохы. Яновы хъæдты иу тохы рæстæджы, знæгтæ йæ æхстой, афтæмæй тохы бы- дырæй рахаста цьшоар цæф хæстон партизаны. Билгорайс- кы хъæды блокадæ куы атыдта, уæд знаджы хæстон бынатмæ фыццаг батыдтой Тедейы фырты хæстонтæ, сæ командир сæ разæй, афтæмæй. Æмæ дзы Ясон йæхæдæг фæмард кодта фондз фашисты. Æдыппæт.ацы тохты Тедейы фырты къухæй фæмардис фæндзай фашистæй фылдæр». Не ’мзæххонты тых- хæй ахæм цæстуарзон дзырдтæ кæсгæйæ, адæймаджы зæрдæ- йы райгуыры уæлмонц æнкъарæнтæ. ...Уыцы дуджы Ясон йæ ныййарджытæм фыста: «...Мæ зы- паргъ ныййарджытæ! Уæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Æцæг, тынг зьщ ран дæн, фæлæ мæхиуыл æнæбары ницы фыдбылыз æруадз- дзынæн. Фашисттыл æмбæлæм æрвыл бон дæр æмæ сын мах Дæр аккаг стæм, мæ къухæй дзы мæрдтæм бирæ бацыд. Мæ хæстон æмбæлттæй бирæ фæмард æмæ сын сæ туг исын хъæуы. Фашисттæн юæ удысхауæн бон æрхæццæ кæны, фæлæ уæддæр 'Саз фыдмитæ нæ уадзынц, никæуыл ауæрдынц: сывæллонæй зæрондмæ нæмыг никæмæй здахынц. Ныфс уæ уæд: рæхджы 637
фыдызнаджы йæхи лæгæты «ыцъцъист кæндзыстæм æмæ та- нæ хъæлдзæг, рæсугъд цард æнæмастæй кæндзыстæм». Нал бантыстис , Ясонæн йæ ацы дзырд сæххæст кæнын. Фыдызнагæй йæ масг бæргæ æгъатырæй иста, фæлæ 1944 .азы 25 июлы Немировичы горæты цур уæззау тохы хъæбатырæй < фæмард ирон адæмы сахъ фырт Тедеты Ясон йæхæдæг дæр. Польшæйы адæм стыр аргъ скодтой не ’мзæххоны хъай- тардзинадæн. Тедейы фыртæн лæвæрд æрцыдис Польшæйы Адæмон Республикæйы Хъайтар/ партизаны ном. Фашизм скуынæгыл 20 азы сæххæсты бонм,æ 1965 азы æппæт. дунейы прогресивон адæм еæхи куы цæттæ кодтой, уый х&дразмæ Польшæйы Адæмон Республикæйы минæвар æрцыд Тбилисмæ æмæ, Польшæйы зæххыл нæ республикæйæ чи тох кодта, уы- донæн лæвæрд цыдис польшæйаг хорзæхтæ. Хорзæхджынты ’хсæн уыд не ’мзæххон Ясон дæр: лæвæрд ын æрцыдис Поль- шæйы Республикæйы иууыл стырдæр хорзæх — Виртути Ми« литарийы ордены «Сыгъзæрин дзуар». Нал æрыздæхт Ясон йæ райгуырæн бæстæм, нал федта уый йæ уарзон м.ад, фыд æмæ хоты, нал <ссардтой сæ хæдзæрт- ’ тæ Ясоны дыууæ æфсымæры Георги æмæ Федыр дæр — уыдоч æрхастой сæ рæсугъд цард нæ адæмы .амондыл. Стыр Фыдьг бæстæйон хæст фæуынæй бирæ рæстæг рацыд, фæлæ Райгуы- рæн бæстæ, уарзон адæм мысынц сæ зынгхуыст хъæбулты, арьшц сын сæ ном, нымайынц сæ удыгæстимæ, уымæн æмæ- хъайтартæм мæлæт ницы бар дары. Тбилисы Польшæйы минæвар хорзæхтæ куы лæвæрдта, уæд ие ’мзæххоны хорзæх лæвæрд æрцыдис, Хуссар Ирыстоны обл- æххæсткомы мйнæвармæ, цæмæй йæ уый сæмбæлын кодтавд хъайтар партизаны ныййарджытыл. Польшæйаг "адæмы фæдзæхст æххæст æрцыд. Бæрзонд хорзæх сæмбæлд хъайтары ныййарджытыл. Сæ цæстысыгтæ та фæкалдтой хъайтары ныййарджытæ, сног та сæ зæрдæйы хъæдгом. Сæ ныфсы цырагъыл сын афу кодта уыцы хорзæх, ’ ныр сæ бауырныдта, се ’нхъæлмæкаст уæгъды кæй у, фæлæуазд- дæр сæрыстыр сты æртæ хæстон хъæбулы ныййарæг мад æмæ фыд. Сæ фырттæ Райгуырæн бæстæйы раз иамысджынæй сæх- хæст кодтой сæ хæс. Æппæтæй сын зынаргъдæр цы уыд — сæ цард, уый радтой нæ Райгуырæн бæстæйы амондæн.
Цхуырбаты Мери УÆЛАХИЗДЗАУ Диссаг у, æвæдза, æнæзонгæ адæймаджы цардæй ист цаутæм цымыдис кæнын. Хъусыс æм, цин ын кæныс йæ цин- тыл, хъыг ын кæныс йæ хъыгыл, сабиау, райыс уый æнтысты- тыл. Хатт та онгцух, кæнæ цæнкуыл куы феныс, уæд ахъуыды кæныс æмæ дæхимид фæзæгъыс: «Хæсты уыд»... «Фронты фæцæф»... Дард кæдæмдæр чи аивгъуыдта æмæ раздæхæн кæ- мæн нал ис, уыцы рæстæгмæ ахæты зæрдæ, катайьт йæ бафта- уынц æмтъер æмæ уæззау замантæ... ...Уый ныр 18 азы областон газет «Сабчъота Осетийы» ре- дакцийы ,кусы.' Æрвылрайсом, уатмæ æрбахизгæйæ, салам зæ- гъы йе ’мкусджытæп, ;стæц йæ фыссæн фынджы уæлхъус йæхл бандоныл сындæг æруадзы, æрысгæрстытæ кæны йæ протез (аразгæ къах) æмæ уæд райдайы сыгъдæг æнæфыст гæххæт- тыл фыссын. Рæстæгæй-рæстæгмæ иог ’газет, гъе, журналтыл йæ цæст ахæссы, æрбайтындзы фæрссаг æмæ рог сатæг уæлдæ- фмæ здухгæ суадзы бапиросы фæздæг, куы та йе ’мкусджыты йæ хъæлдзæг æмæ хъазæн ныхæстæй фæхудын кæны. Йæхæдæг хæсты быдыры йæ галиу къах кæй ныууагъта, уый тыххæй никуы ской кæны. Мах та йæ фæрсгæ нæ бакæ- нæм. Æмæ, æниу, хъæугæ дæр цæмæн кæны, уымæн чи байгас, уыцы хъæдгом æрымысын кæнын? Хæрзæрæджы уый, Фыды- бæстæйои хæсты инвалид, хицауады хардзæй райста рог автэ- ма’пиинæ «Запорожец». Хъуыдытæ йæ кæм нæ алæууын кæныпц. Чысыл раздæр Монголты Адæмон - Республикæйы хурсыгъд тьпгъдбыдырты уыд йæ сæнтты, ныр ^га?! ,Ныр гга^мæнæ нæ Райгуырæн Йæстæйы зæр дæ Мæскуымæ бацæуæнты нæры йæ сармадзаны дырыс æхст... 639
Сæ фæндаг сыгъдæг кæны нæ размæбырсæг фистæг æфсады хæстонтæн Сухиничы тохты Брянскы æгæыдæг хъæдты... Ех, цасфæнды дæр æй рахæсс-бахæсс кæнæд хивæнд хъуы- дытæ, уæддæр æй, æппынфæстаг, уырдæм, йæ къа.х кæм баз- зад, уыцы бынатмæ æркæнынц. Уым фæсыкк вæййынц, уырды- гæй раздæхынц фæстæмæ сындæг æмæ мадзурайæ... Æниу, æв- зонгæй дæр цæй цæрдæг æмæ цардбæллон уыд! йæ разæй-иу рахаста пурти хъахъхъæнджыты ’хсæнты, ныхмæлæууæгæн-иу ахъуыды кæныны фадат дæр нал фæцис, афтæмæй-иу æй сми- дæг кодта кулдуары... 1940-æм азы Тбилисы хъæууонхæдзарадон институты дык- каг кур»сы студент Тедиашвили Сашæмæ службæ кæнынмæ æр- сидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Монголты арæнтыл æй æрыййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ уыцы аз сентябры мæй та райдыдта знаджимæ комкоммæ тох кæнын фронты. Асæй рæстæмбис, саулагъз лæппуйыкард нæ карста, нæмыг- тадзы хизгæ нæ кодта... Мыййаг иу æмæ дыууæ хатты куы на; уыд йæ цард тæрæзтыл æвæрд! Иу хатт куы уыд, уæд фæцæф, фæлæ хъæдгом нæма байгас, афтæмæй Сашæ хивæнд ми ба- кодта æмæ ацыд раззаг хахмæ. Дохтыр ын бар куы нæ æмæ куы нæ уал лæвæрдта, уæд дæлæ-уæлæ нал фæкодта æмæ ахъуызыд, йе ’фсæддон хай цы фронты хæцыд, уырдæм фæста- мæ... «Ахæм зьшсахатцæй улæфт æмæ цæй цыдæр!Æз хæстои дæн æмæ хъуамæ хæцгæ кæнон, — дзырдта -йе ’мбæлттæн не ’мзæххон, — рæуæг цæф дæн æмæ мьгн уымæй мур дæр ницы уыдзæн», зæгъгæ. Цыфыддæр лæгсырдты ныхмæ Советон Æфсад æмæ пар- '];изанон къордтимæ иумæ хъæ^батыр тох кодтой сылгоймæгтæ, æнахъом сабитæ æмæ урсзачъе зæрæдтæ... Иу хатт æфсæддои хаймæ æрбацыд æмæ Сашæйы раз слæууыд 12—13 аздзыд къæсхуыр цъæхдзаст лæппу Геннадий Соловьев. Уый уырдæм фервæзын æнхъæл ’æрбакодта йæ мад æмæ йæ кæстæр хойы. Уыдон æххормагæй^ срæсыдысты, хæстонтæн сæ фервæзын кæ- нын сæ къухты нал бафтыд æмæ дыккаг бон мад æмæ чызг амардысты. Генка сын куыд рахабар кодта, афтæмæй йæ фыд фæмард тохы быдыры æмæ сын сæ хъæуы та цъыбыртты сыгъд Пакодтой фашисттæ. Уæд полк лæппуйæ йæхицæн фырт загъ-- та. Диссаджы разысгарæг разынд, мæгуыр, фæлæ иуахæмы фæмард фыдгулы бомбæйы срæмыгъдæй. Сашæ ма йæ базыд- 1Л, йæхæдæг ын цы цырыхъхъытæ балæвар кодта, уыдонæй. 1941-æм азы ноябры Мæскуымæ хæстæг. цы уæззау тохтæ пыд, уым ми-нг,ай хæстонтимæ Сашæдæр равдыста стыр арæхсг- дзинад. Бон сауизæрмæлæууыд йæ ’сармадзаиы уæлхъус æмæ фадат нæ лæвæрдта знагæн размæбырсынæн. Хъæбатырдзина-* дыл дзырд кæм цæуы, уым уый дæр фаг у зæгъынæн, æмæ æр- мæст иу боныдæргъы уый йæ сармадзанæй æхсæз тоннæйы снарядтæ ’кæй фехста фыдгултыл. Æтæрыстæмæй уыцы цауы ты^хæй фыста газет «Красная звезда» дæр. 1941-æм азы4-æм €40
ноябры домбай хæстонты тыххæй газет ныммыхуыр кодта уан фотонывимæ: Сармадзаны фарсмæ лæууынц Сашæ æмæ дыууæ ^ендæр хæстоны. Сашæ иууыл диссагдæр та йæ рæстдзæвинæй уыд. Куыд- дæр-иу хистæр фехъусын кодта ныхмæлæууæджы объектты координаттæ, афтæ-иу уысммæ уæлдæфы стахтысты нысан бы- нæттæ. 1943-æм аз. Æвирхъау уæззау тохтæ цæуы Сталинграды алыварс. Знаджы ныцъцъист кæныны сæраппонд махонтæ Курс- лы къæлæтыл Орел-Брянскы ’рдæм здæхтыл аразынц уæндон ныббырстытæ. Сашæ кæм тох кодта, уыцы 8Ьæм артилле- рион поляы сфидар кодтой сæрмагонд размæбырсæг бригада- мæ. Сашæ уæд разамынд лæвæрдта 20 хæстонæн æмæ сæ ар- хайдæй дисы æфтыдтой командæкæнынады. Куы иу ран, куы га-иу æндæр ран фæцæф кодтой сæ сармадзанты судзгæ йæм- гуытæй гитлеронты, .хæлдтой сын сæ коммуникацитæ æмæ фæндаг гæрстой нæхионтæн дарддæр абырсынмæ. Сæвзæрд тæссаг уавæр. Фашисттæ Сталинградæй систой сæ тыхты зынгæ хай æмæ сæ сарæзтой, сæ фæсчъылдым чи февзæрд, уыцы Советон Æфсады хæйттæм. Раст уыцы аз майы Курскы къæлæтыл тохты Тедейы фырт 120 миллиметрон сарма- дзанæй срæмыгъта немыцаг салдæттæй йедзаг уæзласæн ма- шинæ æд сармадзан. Уыйтыххæй йьгн Сæйраг командæкæнынад расидт арфæ æмæ йын еаггаг кодта «Сырх Стъалыйы» ордел. ...Ивынц кæрæдзи хæстон цаутæ æмæ рæстæмбис кар лæ- гæн йæ цæсгомыл куы цнны улæнтæ ахъазынц, куы та йæ цæс- тæнгас фенкъард вæййы. Цин æмæ хъыг кæрæдзийæ æнæфæ- хицæнгæнгæ æмбæлццæттæ сты. Хæстоны царды æнтыст дæр уыдис æмæ къуыхцы дæр! Брянскы хъæдгæрон иу къаннæг хъæуы знаджы хæйтта> æрфидар сты. Немыцæгтæ хъæумæ бацæуæнтæ быгъдæгæй ныууагътой. Махуæттæ цалдæр хатты бафæлвæрдтой хъæумæ бабырсыныл, фæлæ-иу куыддæр нæ хæстонтæ хъæумæ фæцæй- хæццæ кодтой, афтæ-иу сыл ныхмæлæууæджы салдæттæ хæд- æхстæй нызгъæлстой. Сашæйы æрхъуыды æмæ цырддзастдзинад та ацы хатт дæр равдыста йæхи. Æмæ йæ фæнд фæрæстмæ! Хъæумæ ба* цæуæны фæндаджы галиу фарс хуымы хус кæрдæджы цалдæр куырисы уыд. «Уым уыдзысты знаджы рæстдзæвинтæ æм- бæхст!» — загъта Сашæ æмæ йæ хъуыды бамбарын кодта хис- тæрæн. — Арт сыл бафтаут, — бардзырд радта командир æмæ цал- дæр уысммæ куыристæн скалд сæ пиллон. Уым æмбæхст чи уыд, уыцы фашисттæ ма бæргæ æфснайдтой сæ сæртæ, фæлæ- иу цалдæр къахдзæфы куыд акодтой, афтæ-иу æдзæм мард фе- сты. Уыцы бон фæндаг байгом æмæ райдыдта размæбырст. Хæстон зындзинæдтæй кæд нæу хайджын?! Нæмгуытæ йыл 41* 641
ихуарæгау кæд нæ фæкæнынц. Уæдæ астæумæ цады дæр иу æмæ дыууæ хатты куы нæ сбон кодта, куыд нæ бавзæрста стонгдзинад дæр?1 Цы гæнæн ис. Хæст зындзинæдтæ æмаэ хъуагдзинæдтæй хæст у... Советон адæмы фидар фæндон бабыхста æппæт дæр æмæ уæндон фæлæууыд сæ ныхмæ уæззау дугтæн. 1943-æм азы июлы мæйы Брянскы хъæдты знæтæй фæл- ьæрдта знаг нæ хæстонты позицитæ атоныныл, Нæ ауæрста са- быр цæрæг мадæлтæ æмæ 1 æнахъом сабиты марыныл. Фæлæ йын уый нæ фæхос йæ сау хъуыддæгтæ кæронмæ бакæнынæн. Махонтæ ныфсджынæй слæууыдысты цыфыддæр знаджы раз- вæндагыл æмæ йæ аппæрстой фæстæмæ йæ лæгæтмæ. Раст ам, Брянскы хъæдты, фыдгулимæ лæгæй-лæгмæ тохы уæззау цæф фæццс Сашæ æмæ иукъахонæй лæдзгуытимæ æрыздæхт йæ фыды уæзæгмæ. Здæхст усгур лæппу æмæ, йæ дæндæгтæ ’рыл- хъивгæйæ, йæхимидæг дзьирдта: «Хæст нæма фæцис. Знаджы фæдыл фæцыдгæн æмæ ныр æрдæгвæндагæй цæуын нæхимæ, цыма мæ дзул лæвæрд фæцис, уыйау»... — Хъуыдытæ йæ сис- той сæ уæлных сæхимае дæр æмæ йæм никуыцæй хъуыстысты хъæубæсты цин æмæ йæ ныййарджыты хъарм хъæбыстæ. Рæстæг тындзы размæ, йæ кæнон кæны. Хæстоны лæдз- гуытæ, раивта протезгонд къах, уалынмæ тагъд дидинфæлыст май æрцыд, дзыллæтæ рагæй афтæ тынг кæмæ бæллыдысты, уыцы уæлахизы бон æмæ Сашæйæн дæр æрхаста фарн æмæ амонд. Сыгъзæрин уды хицауæй «Сахъатджын у» нæ загъта йæ уарзон чызг æмæ сæ цард оиу кодтой. Арфæйаг мад æмæ фыдæн ныр сæ цины сæр се ’ртæ сабийы сты, æртæ дидинæ- джы — Сашæ æмæ йæ царды æмбалы зæрдæйы тæгтæ... ...Хъуыдытæ. Хивæнд хъуыдытæ! Сæ тыхджын базыртыл фæрахæсс-бахæсс кæнынц уæлахиздзау хæстоны, йæ зæрдæйæ чи нæ рох кæны, уыцы бынæттæм æмæ та йæ фæстæмæ, иухат- тау, æрхæндæг нæ, фæлæ рай.гæй,æ æркæнынц йæ амондджыч бинонтæм — Ирыстоны хъæбысмæ!
Цхуырбаты Иван ИССÆИЫ САЛДАТ Плиты Иссæйы бæхджын корпусы Хуссар Ирæй иууыл æв- зонгдæр хæстон уыд Уанеты Михайы фырт Георги. Уанейы фырт Плиты хæрæфырт у æмæ тохы быдыры буц уыд йæ кад- джын мады ’фсымæры ’хсарæй. Фæлæ Иссæ Георгимæ хæрæ- фырты зæрдæ нæ дардта, æмæ Уанейы фырт уыцы «уазал» аха- сты тыххæй дæр сæрыстырæй дзырдта йе ’мбæлттæн: «Æмæ цы> æгайтма мæ мады ’фсымæр хионизм нæ кæны хæсты цæхæры»* Уанейы фырт райгуырди 1925 азы Знауыры районы Торма- неулийы хъæуы, йæ фыд Миха дæр службæ кодта бæхджын æфсады, 1914 азæй тох кодта Австри, Румыни æмæ Польшæйы. М«ха 1920 азы бацыди Хуссар Ирыстоны дыккаг партизанон бригадæйы ’бæхджын полкмæ æмæ фыццаг хатт рæстагон тох скодта Бургъустаны урсгвардионты ныхмæ. Миха арæх йæ фырт Георгийæн дзырдта бæхджын æфсады диссаджы хъайтар хабæрттæ æмæ æвзонг лæппу сфæнд кодта йæ фыды традици адарддæр кæнын. 1941 азы астæуккаг скъола куыддæр каст фæцис, афтæ хъорнисаг лæппутимæ бархийæ ацыд фронтмæ, бахауд бæх- джын æфсадмæ. Уанеты Г; М. фашистты ныхмæ тохкæнын райдыдта цып- пæрæм бæхджын корпусы рæнхъыты Мæздæджы районы æмæ уырдыгæй тохгæнгæ фæцыдис Прагамæ. Уæлахизы бон Прага* йæ 25 километры ныгуылæнырдæм донбылгæронм.*? ма фæстаг æхст фæкодта гитлеронты. Уанейы фырт хæстон фæндагыл тох кодта авд фронты æмæ сарæзта бир’æ хъайтар хъуыддæгтæ. Уый тыххæй хорзæхджын æрцыди дыууæ орден æмæ авд медалæй, 28 хатты райста арфæйы гæххæттытæ Сæйраг коман- дæкæнынадæй. 1943 азы 30 августы хæстонты чысыл къорд Георгийы ко- 643
мандæйы бын знаджы фæсчъылдым Миусы доны сæрты хид ныппырх кодтой æмæ гитлеронты стыр ’фсæддон хайæн алидзæн нал уыд æмæ дæрæн æрцыд. Уымæй хъайтардæр хъуыддаг сарæзта Уанейы фырт 1944 азы; йæ фондз хæстонимæ фехæлдта æфсæнвæндаджы хидæмæ ныппырх знаджы бронепоезд; сержант Гарбюновимæ Георги фехæлдтой Бугы сæрты знаджы паром æмæ гитлеронтæн фæ- стæмæ алидзæн нал уыд. Ацы хъайтар хъуыддаджы тыххæй Георги хорзæхджын æрцыд «Сырх Тырысайы» орденæй. 1944 азы Георгийы саперты къордæн хæсгонд уыди Инги- лецы хид фехалын, фæлæ сын нæ бантыст. Уæд Уанейы фырт хæстонты арвыста æдасдæр бынатмæ, йæхæдæг хабар фехъу- сын кæнынмæ ацыд штабмæ. Хъæбатыр ироныл уым хæрхæм- бæлд фесты фондз фашисты, уыдон æрхъавыдысты Иссæйы хæ- стоны уацары акæнынмæ. Георги æвиппайды хъайтар тох скодта знæгтимæ æмæ сæ дзыхъмæрдтæ фæкодта, йæхæдæг дæр уæззау цæф фæцис, уалынджы йæ уæлхъус февзæрд ирон «Уастырджы» — капитан Марданы фырт æмæ Георгийы акод- та госпиталмæ. 1944 азы марты ’фараст боны дæргьы Георш йæхи къухæй скуынæг кодта дыууадæс фашисты. Советон Æфсады рæнхъыты Уанеты Г. М. рæнхъон хæсто- нæй схызт гвардийы кæстæр лейтенанты онг. Æртыккаг къо- рды инвалид уæвгæйæ, Уанеты Г. 1953 азы æрыздæхт Цхин- валмæ.
Челæхсаты Л. УРСХАЛАТДЖЫН ДÆЛБУЛКЪОН Бон куыста завод «Электроцинчы», изæрæй та ахуыр код* та æфсæнвæндаджы дыккæгæм скъолайы. Афтæ райдыдта Хæ- дарцаты Барисы царды фæндаг. "’Зæрдæргъæвд лæппу йæхи хъардта ахуырыл. Скъола каст куы фæци, уæд ацыд Ростовмæ, уым бахауд æфсæнвæндаджы транапорты инже- перты институтмæ. Мæлæты дзæбæх цыд йæ ахуыр, фæлæ йæм 1936 азы фæсидтысты Советон Æфсадмæ. Уым дæр æв- зыгъд лæппуйы сарæзгой ахуыры фæндагыл. Каст фæци хæстон-медицинон академи. Уæдмæ райдыдта Фыдыбæстæ- йы Стыр хæст, æмæ Хæдарцы фырты бахъуыд лæгдзинад рав- дисын. Стыр хъæбатыр разынд. Мæскуыйы раз немыцаг фашисттæ дæрæнгонд куы цыдысты, уæд командæ кодта хицæн медицинон санитарон |ротæйæн. Фæстæдæр та санитарон батальонæн. Арæхстджын командир 1943 азы куыста дивизийы санитарон службæйы сæргълæууæгæй, стæй та корпусы санита- рон службæйы сæргълæууæгайй. йæ бæрны чи уыд, уыцы урсха- латджын æфсæддонтæ куыстой стыр зын уавæрты, цæф æфсæд- Донты хъахъхъæнгæйæ сæ-иу бахъуыдфашистты ныхмæ хæсты бацæуын дæр. Сæдæгай, мингай цæф салдæтты рахастой сæр- сæфæн хæсты быдырæй. Хæдарцы фырт хæстон фæндагыл ныхæццæ Берлинмæ. Æхсар æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йын Советон Æфсады командæкæнынад саккаг кодта фараст орде- ны æмæ майданы. Уæлдæр Сæйраг командæгæнæгæй райста къорд арфæйы. Дæлбулкъонæй рацыд æфсадæй. Ныртæккæ Хæдарцаты Мураты фырт Барис кусы Сочийы 645
санатори «Заполярье»-йы директор — сæйраг дохтырæй. Бирæ дзæбæх ныхæстæ фæкæнынц горæттæгтæ уый тыххæй. Адæймаг- уарзон, арæхстджын разамонæг у. Санатор;ийы кусджытæ уый разамындæй æппæт мадзæлттæ дæр аразынц рынчынты хорздзинадæн. Санаторийы ис 1500 «уазæджы». Уыдонæй ал- кæмæн дæр зонын хъæуы йæ низыхатт, тагъддæр цæмæй сдзæ- бæх уа, ууыл зæрдиагæй архайын. Æмæ сæ иу дæр хъæстгæнæг нæ вæййы, бузныг сты медицинои кусджытæй сæ хорз цæстæн- гасы æмæ æххуысы тыххæй. Санатори «Заполярье»-йы кæддæриддæр бирæ адæм вæй- йы горæт Норильскæй. Уыдон алы хатт дæр ацæуыиц разыйæ, сæ куыстуæтты коллективтæн феппæлынц санитарийы кусджы- тæй. Æмæ уый аккаг сты. Ныр цалдæр азы ацы санатори ны- мад у Сочийы хуыздæр санаторитæй иуыл. Саккаг ын кодтой коммунистон фæллойы коллективы нрм. Цалдæр хатты райста партийы Сочийы Централон райкомы Сырх Тырыса. Æмæ уым ис Хæдарцы фырты стыр бавæрд. Уый хъæниæрисæй сана- торийы цæуы стыр зонадон-практикон куыст. Санаторийы ис курдиатджын хихъæппæрисадон аивады коллектив. Коммунист Хæдарцы фырт йæ сæйраг куыстæй фæстæмæ активонæй архайы æхсæнадон царды дæр. У партийы горкомы уæнг, горсоветы депутат, курорты иаукон советы уæнг. Медици- нон куысты стыр æнтыстдзинæдтæ кæй равдыста, уый тыххæй Хæдарцаты Барисæн ^æвæрд æрцыд УСФСР-йы сгуыхт дохты- ры ном. Фондз æмæ ссæдз азы службæ кодта Советон Æфса- ды. Хæсты быдыры мæлæтæй фервæзын кодта сæдæгац салдæт- ты. Ныр дæр йе ’ппæт тыхтæ æмæ зонындзинæдтæ дæтты адæ- мы æнæниздзинад бахъахъхъæньтнæн.
Пухаты Илья АЦЫД СТЫР ХÆСТОН ФÆНДАГЫЛ Цхинвалы горæты цæрджытæ хорз зонынц маляр Хвостов Алексей Тимофейы фырты. Специалист — маляр. 1932 азæй 1935 азмæ уый куыста Цхинвалы агуириаразæн заводы. 1935 азæй 1937 азмæ ахуыр кодта Цхинвалы ФЗУ-йы, каст æй куы фæцис, уæд суанг 1941 азмæ куыста Цхинвалы арæзта- дон къанторæйы. Алексей йæ хорз куысты тыххæй цалдæр хат- ты райста лæвæрттæ. 1941 азы 22-июны немыцаг-фашистон абырджытæ нæ Райгуырæн бæстæм куы ’рбабырстой, уæд Алексей ацыдис Фыдыбæстæйон хæстмæ. 1942 азы уый ахуыр кодта афицерты курсыты æмæ райста афицеры ном —’уыди лейтенант. Фæстæдæр нысан æрцыдис танкæты ныхмæ æхсæг взводы командирæй. Хæст кодта карзæй-карздæр. 1943 азы сæрды ахъаззагцæф баййæфтой немыцаг фашисттæ Орел-Курскы районы. 1943 азы не ’фсæдты хъомысджын размæбырстæй немыцаг фашисттæ фæстæмæ лæууын байдыдтой. Днепры фурды сæрты ахизыны заманы цы карз тохтæ цы* дис, уыцы ран Алексей йæхи равдыста ныфсхаст хæстонæй. 131 æхсæг полчы хæстонтæ сарæзтой тыхджын ныббырст. Тынг сцырын тугкалæн хæст. Сармадзанты нæмгуытæ, минатæ æмæ бомбæты рæмыгъдтытæй фыцæгау кодта Днепр. Алексей Тимофейы фырт йæ ротæимæ æппæты фыццаг ахызт доны фаллаг фарсмæ, скуынæг кодта немыцаг бронетранс- портер æмæ плацдарм æрцахстой. Ацы карз хæстыты Алексей фæцæф знаджы нæмыгæй. Але- ксей бирæ нæ фæци санротæйы, куы сдзæбæх, уæд та æрбаз- лæхтис йæ ротæмæ. 647
1944 азы 4-æм январы уыд карз хæстытæ. 131-æм æхсæг полчы командир майор Горбачевы бардзырдмæ гæсгæ Алексе- йы ротæ хъуамæ полчы фывдаг æхсæг ротæимæ ахызтаид цæу- гæдон Гнилопяйы сæрты æмæ плацдарм æрцахстаид доны фал- лаг фарс хъæу Райкийы. Хвостов бардзырд хорз сыххæст кодта, йæ командир уый тыххæй фьюта хæстон характеристикæйы: «1944 азы 4 январы цæугæдон Гнилопяйы сæрты хизгæйæ, Алексейы ротæ æрцахс- та Райки, Скрипливкæ æмæ Разянскы хъæуты. йæ ротæ скуы- нæг кодта 3 бронемашииæйы, 3 станкон пулеметы, 3 автома- шинæйы, иу 76 мм сармадзан, иу танк æмæ 465 салдат æмæ афицеры. Уымæ гæсгæ хорзæхджын щæуы «Сырх Стъалыйы» орденæй. Немыцаг фашисттæ 1944 азы сæрды, фæстæмæ лидзгæйæ. сæхи æрфидар кодтой цæугæдон Бугы фаллаг фарс. Полчы командир дæлбулкъон Броницкий радта бардзырд Тимофейы фыртæн, цæмæй уый йæ ротæимæ ахиза доны фал- лаг фарсмæ æмæ немыцаг фашисттæй ссæрибар кæна хъæутæ:. Мадзярки, Кшешув, Новоселц æмæ Езеркийы. Ацы бардзырд тынг хорз сыххæст кодта Алексей. Райсом- æрдæм хæст цыренæй-цырендæр ’ кодта, райдыдта мæлæтдзаг тох. Гитлеронтæ райдыдтой уадзын сæ позицитæ æмæ лыгъ- дысты ныгуылæны ’рдæм. Уыцы тохы тыххæй 131 æхсæг полчы командир дæлбул- къон Броницкий фыста: «1944 азы 18 июлы цы стыр тугкалæн хæстытæ цыдис, цæугæдон Бугы сæрты хизгæйæ, уыцы стыр хæстыты 1ротæ ПТР командир хистæр лейтенант Хвостов А. Т. стыр хъайтар æмæ æхсарджынæй равдыста йæхи. Хъæу Мадзяркийы ссæрибæр кæныны сæрыл тохты Алек- сейы ротæ. скуыцæг кодта гитлеронты броиетранспортер, 5 пулеметы, 3 зынгон тæппы. 1944 азы 24 июлы хъæу Кшешув ссæрибар кæныны сæрыл тохты скуынæг кодта 3 пулеметы æмæ 10 салдаты немыцаг фашисттæй. 1944 азы 26 июлы хъæу Новоселц ссæрибар кæныны сæрыл тохты Хвостовы ротæ скуынæг кодта знаджы 4 пулеметон тæппы, 9 гитлероны та ра- кодта уацары. Хъæбатыр командирæй равдыста йæхи Хвостов А. Т. æмæ уый тыххæй аккаг у хорзæхджын æрцæуа «Фыдыбæстæйон хæ- сты» дыккаг къæпхæны орденæй. Хæст куы фæцис, уæд Хвостов æрыздæхтис Цхинвалмæ. æмæ ныр цалдæр азы кусы Арæзтадон - къанторæйы малярты бригадæйæн бригадирæй.
Бæдоаты А. ЦЫППАР ЦÆРГÆСЫ Хетæгкаты Георгийы фырт Иосиф Советон гæрзифтонг Æфсæдты æмрæнхъ æрлæууыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдианы. Хæст æй ронб^æгъдæй, «фæлвыхæй» не ’рыййæфта. 1933 азы хъæууонхæдзарадон техникум каст куы фæци, уæдхæс- тон комиссариатмæ балæвæрдта куырдиат, æфсадмæ йæ ар- витыны тыххæй. Арвыстой йæ горæт Ленинаканмæ, артиллери- йы æртыккæгæм полкмæ. Суинаг лæппу æнтыстджынæй каст фæии полчы скъола, ссис сармадзаны командир. Бæстон зыдта йæ хъуыддаг. Йæ арæхстдзинады тыххæй иу æмæ дыууæ ар- фæйы нæ райста. Тынг рæстдзæф уыд йæ сармадзан.Хорз рад- та æфсæддон фыццаг фæлварæн. Æфсадæй рауæгьд 1935 азы. йæ райгуырæн хъæу Лабæйы йæ сæвзæрстой колхозы сæрдарæй. Ацы бынатыйæхи равдыста хорзæй æмæ йæ арвыстой цæттæгæнæн министрады æхсæз мæйон курсытæм. Игтæг хорз бæрæплæнæнтимæ каст фæци уы- дон дæр. Кусын райдыдта областы цæттæты бæрнджыны хæ- дивæгæй 1939 азы онг. Уый фæстæ та ацыд Советон Æфсад* мæ. Сармадзаны командиры цæмæн дардтаиккой салдатæй? Фæндараст ын загътой Цæгат Кавказы хæстон окруджы Рос- товы артиллерийы командирты учил:ищемæ. Уый уыд йæ дык- каг фæлварæн. Фесгуыхт та: хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæ- ци училище. Фæуæлдæр йæ чин дæр. Цæвиттон, Иосиф æхсыст уыд хæдзарадон æмæ советон куысты. Уыд æм хæстон зонындз’инæдтæ дæр. Æфсады служ- бæйы рæстæг, хæстон скъолаты йæм æвзæрыд ныфс, æхсар 649
<емæ лæгдзииад. Хуымæтæджы нæ акæнынц, хæстмæ раздæр куы бацæттæ кæнай, уæд хæцын æнцондæр вæййы, зæгъгæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæнæй 1944 азы сентябр- мæ Хетæджы фырт иудадзыг уыд тохты. Взводы, батарейы, дивизисйы комаыдир, полчы артиллерийы еæргълæууæг... Мæздæг, Георгиевск, Буденновск, Ставрополь, Батаиск, Ростов, Азов, Таганрог, Сталино, Чистяково, Перекоп, Армянск, Сим- ферополь, Севастополь суæгъд кæныныл тохтæ... Æмæ алы ран дæр равдыста æхсар æмæ лæгдзинад. Уый уыдис 1942 азы июлы Ростовы областы Мартынов- кæйы станицæйы. 115 национ бæхджын дивизийы полчы ко- мандир дæлбулкъон Япоиец Абадиев фæдзырдта Хетæжы фыртмæ æмæ йын бамбарын кодта уавæр. Немыцаг командæ- кæнынады фæнд уыд цыфæндыйæ дæр доны сæрты хидыл ахи- зын æмæ уым бамбырд кодта æфсæдтæ, уыимæ бирæ танктæ. Дæлбулкъонæп уый зындгонд уыд æмæ бахæс кодта Хетæджы фыртæн хид бахъахъхъæнын. Немыцæгтæ ныббырстой стани- цæйы цæгат æмæ хуосары ’рдыгæй, батыдтой инæлар-майор Скороходы дивизийы фыццæгæм æмæ дыккæгæм бæхджын полчыты ’хсæнты. Афтæмæй Хетæджы фырт йæ батареимæ аззадис знаджы чъылдыммæ. Рахъуыды-бахъуыдыйæн рæстæг нæ уыд. Сармадзантæй хад хъахъхъæиæг немыцæгты ныццæгъдын, знаджы ’хсæнæп рацæуын, стæй нæхи æфсæдты ’рдæм фæндаг алæгæрдын — ахæм. уыд батарейы командиры уынаффæ. Гуырысхойаг ын куы ницыуал уыд, уæд фæдзырдта взводты командиртæ Дураков æмæ Алейниковмæ. Базонгæ сæ кодта йæ пълантимæ. Уый фæстæ алчи дæр бацахста йæ бынат. Скуыстой сармадзантæ. Басыгътой дыууæ танчы, фæмард егы дæсгай гитлеронтæ — хид хъахъхъæнджытæ. Знæгтæ удаист фесты. Къухы бафтыд размæ абырсын æппын æнæ зианæй, уыимæ знаджы чъылды- мæй æнæхъыгдардæй ракодтой цыппар сармадзаны дæр. Хетæджы фырты батарей Ново-Николаевскы хуторы бай- йæфта полчы командир дæлбулкъон Абадиевы. Уый бар- дзырдмæ гæсгæ батарейы æфсæддонтæн лæвæрд æрцыд улæф- ты рæстæг иу сахат. Фæл>æ æфсæддонтæ хæрд дæр нæма фес- ты^ афтæ хæстæг хæлын райдыдтой знаджы сармадзанты нæм- гуытæ, æрбайхъуыст танкты гуыв-гуыв. Цæй улæфт æмæ цæй æндæр! Ногæй та — тох. Фараст сахаты дæргъы нæ банцад хæст. Инæлар Клейсты æвзаргæ хæйттæ бырстой размæ. Раст уыцы рæстæг хъуыстгонд æрцыд Сæйраг Уæлдæр команда^гæ- нæджы бардзырд: «Иу -санчъех дæр фæстæмæ нæ!» Хетæджы фырты æмæ иннæ батарейтæм хæрзчысыл йед- тæмæ .нал уыд сармадзаны нæмгуытæ. Цæвиттон, гитлеронты тыхтæ алы хуызы дæр уыдысты бирæ фылдæр æмæ махонты алфæмблай æртыхстысты, къæппæджы бахаудтой. Мæлæт гæп- пæввонгæй лæууыди. Фæлæ сæм Райгуырæн бæстæйыл, нæ дарæг зæххыл, оæ сывæллæттæ æмæ ныййарджытыл хъуыды Ш
æвзæръш кодта хъæбатырдзинад, æхсар æмæ ныфс, сæ тыхыл сын тых æфтыдта. Хæцыдысты удуæлдайэе. Фараст сахаты дæргъы тохы цагъд æрцыд сæдæгай фашисттæ. Уый фæстæ не ’фсæддон хæйттæ райстой бардзырд æндæр раимæ ацæуыны тыххæй. Фæлæ куыд? Хетæджы фырт æрбам- бырд кодта еефсæддонты къорд —- цыппор фондз адæймаджы. Изæрдалынгтæм æнхъæлмæ кæсгæйæ, Хетæджы фырт йæ къордимæ æрбынат кодта цъымарайы. Стæй æхсæвы цыдысты дарддæр. Æвддæс боны фæцыдысты хæлд фæндæгтыл æмæ хъæдты Мæздæгмæ, стæй та Орджоникидземæ. Ам >сæ арвыс- той ног дивизимæ. Уым та Хетæджы фырты снысан кодтой батарейы комаидирæй. Дыккаг бон Иосифы батарей бацахста йæ бынат Джызæлы хуссар-ныгуылæнгæроп, фæлæ æртыккаг бон æхсæвы фæдисæй дивизийы фæраст кодтой Вознесенск — Малгобечы размæ—уым знаг барæмыгъта нæ фидæрттæ. Дыккаг бон бацыдысты хæсты æмæ фашистты фæтардтой Тер~ скæйы станицæмæ. Тынг æрфидар знаг Терскæйы сгашщæйы. Бахъуыд цал- дæр тыхджын ныббырсты саразын. Знаг хæсты быдыры мæрд- тæй ныууагъта тынг бирæ салдæттæ æмæ афицертæ. Лидзæг немыцæгты горæт Буденновскæй куы сырдтой, уæд иу лæнчы знаг ныууагъта тапкæты ротæ, аст танчы та уы- дыеты æмбæхст, æмæ махонтæ иуцасдæр размæ куы ацыдысты, уæд фæсте гæрах систой, уæдæ сæ сæ иннæ хæйттæй фæхицæи кæнæм, зæгъгæ. Уыцы карз тохы фæмард сты (Сармадзаитæй иуы командир Селезнев æмæ хъавæг Потапов, стæй ишиæ сар- мадзаны командир. Взводы командир лейтенант Дураков та цæф фæци. Æндæр гæнæн нал уыд, æмæ Иосиф йæхæдæг йæ химæ райста сармадзан æмæ ныппырх кодта знаджы дыууæ танчы, амардта, танктæй чи рабырыд æмæ ладзæг чи фæци, уыцы немыцаг аст салдаты æмæ дыууæ .афицеры. Иу æмæ дыууæ хатты иæ бацыд ахæм карз тохты комму- нист Хетæджы фырт Миусы доны раз, Таганроджы бынмæ, Мелитополы, Донбассы, Симферополы, Ныгуылæн Буковииæ- йы, горæт Бельцыйы æмæ бирæ æндæр рæтты. Уымыты цы лæгдзинад равдыста, уый тыххæй зын зæгъæн у нæ уацы. Фæлæ ма цыбырæй дыууæ цауы. Хæсты райдайæпы, 1941 азы, советон æфсæдтæ ма фæста^ мæ куы цыдысты, уæд Таманы дивизийы '81 артполк хъуамæ ахызтаид Буджы доныл, зæгъæн куыд нæй, ахæм зын уавæрты. Ф.ашисттæ сыл донмæ ныккалдтой. Хетæгкаты Иосифы цинел знаджы нæмгуытæй фæци дыууадæс хуынчъы, нæмыг (иннæр- дæм ахызт йæ партбилеты æмæ ныссагъд буары, фæцæф йæ сæр, уæддæр нæ ныууагъта йæ хъуыддаг-—адæм æмæ сарма- дзантæ доны иннæ фарс фесты. Цыппæрæм хатт фæцæф 1944 азы майы, Севастополь суæгъд кæныныл тохы. Хъæдгæмттæ н.ал æмæ нал æгас код- той, уæдмæ та хæст ахицæн. Фоыдз хæрзиуæджы, Сæйраг 651
Уæлдæр Комаидæкæнынады бирæ арфæтæ — йе сгуыхтдзишвд- ты æвдисæн. Уæвлæ, æрмæст уыдон 1нæ. Советон Æфсады 50 азы бонмæ Мæскуыйæ хæсты ветеранты комитет гвардийы майор Хетæгкаты Иосифмæ цы арфæйы писмо сæрвыста, уым фыст ис: «Зынаргъ хæстон æмбал æмæ хæлар! Гвардионтæ — ветерантæ дын зæрдиаг арфæ кæнынц Со- ветон Гæрзифтонг Тыхты цытджын 50 азы бон! Фыдыбæстæйы Стыр хæеты тызмæг азты ды кадимæ сæх- хæст кодтай дæ хæс Райгуырæн бæстæйы, советон адæмы раз!..» Райгуырæн бæстæйы раз сæ хæс кадимæ сæххæст кодтой Иосифы æртæ кæстæр æфсымæры Федыр, Коля æмæ Георги. Уыдон дæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг бонтæй фæстæ- мæ уыдысты раззаг рæнхъыты, æхсарджынæй дæрæн кодтой знаджы. Взводы командир Федя фæмард Ростовы бынмæ, æф- сæддон хайы штабы хицау Коля та — Белоруосийы. Цыппæ- рæм цæргæс Георги хæстæй сыздæхт стыр сгуыхтдзинæдтимæ, фæлæ йæ райгуырæн Ирыстоны фæмард, бæрнон хæстæ æххæст кæнгæйæ. Иосиф сабыр фæллойы дæр нымад лæг у. Бирæ азты дæр~ гъы фæкуыста республикæйы хъæууон хæдзарады Министра- ды æмæ цæттæгæнæг органты бæрнон бынæтты, фæстаг азты та кусы республикæйы хъæууонхæдзарадон продуктты хæрз- хъæддзинад бæрæггæнæг паддзахадон инспекцийы сæргълæу- уæджы хæдивæгæй, у республикæйы адæмон контролы комите- ты æнæштатон хайады сæргълæууæг, Уæрæсейы Федерацийы хъæууон хæдзарады отличник.
Хъодалаты Герсан УÆЗЗАУ ХЪÆДГОМ Сæрдыгон хур йæ цæхæр калынæй банцад. Афардæгис йс ’нусон «хæдзармæ» «фынæй» кæнынмæ. Талынг арф кæмттæй рахъуызыдис, сау рувасау. Цæстфæливæнтæ байдыдта. Кæм- дæр, арвы кæрон, иу фæлурс^стъалы фæзындис, æмæ, йæ цæст æрныкъул-æрныкъулгæнгæ, фæлгæсы дуиемæ. Осыгъдысты электроны цырæгътæ, сæ урс-урсид базыртæ æхсæвы хъæбысы фæйнæрдæм айтыгътой. Талынг дæр йæ сæрæн ницыуал базыд- та æмæ, сау гæдыйау, фæладзæг ис уынгтæй... Бонау ныррухси Цхинвалы горæт. Уынгты тезгъо кæнын систой адæм, куыстуарзаг, куыствæллад адæм. Цæуынц, ад- джын <ныхас кæнгæ, тыннывæндæгау кæнынц. Æз дæр та мæхи раирхæфстон театралон фæзуатмæ. Æппынфæстаг мæхи баластон фæхсбандонмæ æмæ кæ- ронæрдыгæй æрбадтæн, улæфыдтæн. Мæ фаллаг фарс, сыхаг бандоныл, ма бадтис дыууæ ацæргæ лæджы. Сæ иу йæ худ систа æмæ йæ йæ уæраджы кæхцыл æрсагъта. Иннæмæн та йæ лæдзæг йæ фарсмæ бандоныл уыдис. Мæ фарсмæбадæг йæ сахатмæ æркаст æмæ афтæ... — Цом-ма, мах дæ’р уыцы кино фенæм... Уый хорзы кой йедтæмæ ницыуал кæнынц адæм... — Уымæй раст зæгъыс, хорз фильм, дам, у. Ибон газет кастæн æмæ дзы уым дæр иу чидæр æппæлыд. Серго Закаряа- дзе, зæгъынц, æмбисонды фæлгондз сарæзта... — Уый тыххæй, дам, ын Ленины преми радтой, Ленины. Бирæ йæ фондз хатты федта, æмæ... Мæнæн фадат никуы фæ- ци... Цом фенæм æй, мæнæ мæм билетты аргъ лыстæджытæ дæр И’с. 653
— Бузныг, дæ лæггад бирæ. Æз дæр æнæ ’хцайы тыххæй нæ дæн æнæцæугæ. Зын мын у ахæм кинотæм кæеын... Мæ- зæрдæ æнæуи дæр хъæдгом у хæстæй æмæ... Ноджы мын сриосы, æвирхъау эпизодтæ фенгæйæ... Æмныхасгæнæг «уæдæ бахатыр кæн мæнæн» загъта æмæ атындзыдта кинотеатр «Фидиуæджы» ’рдæм. Æз бацымыдис кодтон æмæ мæхи баластон иунæгæй аз- зайæг лæдзæгджынмæ. Салам ын радтон æмæ фæхсбандоныл æрбадтæн йæ фаллаг фарс. Иу цалдæр минуты æнæисты сдзур- гæйæ абадтæн^ стæй мæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ й.æм ба- дзырдæппарæн кодтон... Базонгæ стæм. «Ходты Иуанейы фырт Георги» — ризгæ, фæсусгомау хъæ- лжы уагæй мын загъта уый. — Æмæ пенси исæг дæ æви кусгæ искуы фæкæныс? — О, кусгæ кæнын. — Кæм? — Хуссар Ирыстоны облфинхайады штатон хайады сæргъ- лæууæгæй. Æмæ дзы рагæй кусыс? — 1944 азæй фæстæмæ. Лæдзæджимæ куы .архайдта, уæд æз фæфиппайдтон, лæ- гæн йæ рахиз къухы æнгуылдзтæ рæбыныл цагъд кæй уыдыс- ты, уый... Ныр мæ зæрдæ тынгдæр фæкъæпп кодта, хæсты аза- рæй кæй басыгъдис, уымæ. «Æвæццæгæн, æрдæбон дæр уыцы лæгæн уымæн ахæм дзуапп радта», — мæхимидæг сфæлхатт кодтон æмæ йæ цъусгай райдыдтон хынцфарст кæнын... — Хæсты тугхъулон нывтæ мысын мын тынг зын у.;. Нæ сæ фæразы ме ’взаг дзурын... Æгæрыстæмæй, дзырд хæсты тых- хæй кæм цæуы, ахæм киионывтæм дæр нæ фæцæуын. Сног та мын кæнынц мæ зæрдæ æмæ мæ буары æнæссæугæ арф хъæд- гæмттæ, бафтын æнæаскъуыйгæ судзгæ сагъæстыл... Алкæмæн иугъуызон зæрдæ нæй, мæ хур... Æз мæхи цæстæй цы тæри- гъæдтæ федтон, уыдон, зæхх дæр куыд хъуамæ бауромид, и? Кæсыс æмæ де ’мвæдисон адджын хæлар дæ фарсмæ йæ ту- джы мæцгæ утæхсæн кæны, куры доны хуыпп, куры æххуыс æмæ йын дæ бон ницы у... Хатт дæм афтæ дæр фæкæсдзæн, цыма мæлын æнцон у... Нæ дæм хъуысдзæн хъæрзын, дæ зæр’ дæ афтæ ныддур уыдзæн; нæ дæ хаудзæн цæссыг, дæ цæстытæ афтæ ныххус уыдзысты... Æвирхъау хæст уыд, æгъатыр... Дæхæдæг æй хуыздæр зондзынæ тангуытæй, мæ хур... Фæлæ мæм иугæр æрхатыдтæг уæд дын мæ хæстон фæндагæй истытæ ахабар кæндзынæн, —* ныуунæргъыдта æмæ йæ сæр ныллæг æруагъта Ходы фырт... Исдуг, цыма, йæ хъуыры тæвд здыйы къуыбылой ныццæх- гæрмæ, уыйау ницы фæрæзта дзурын, йæхимидæг цæуылдæр уынгæг сагъæс кодта, йæ цæсгомы нуæрттæ-иу мидæзмæлд скодтой... Стæй та йæ фæсусгомау сабыр хъæлæсы уагæй рай- дыдта уæззау дзырдтæ нывæндын, байгом кодта йæ хæстон 654
фæндаджы, йæ хæстон лæджыгъæдджын архайды «сцешеиы» сау бæзджын æмбæрзæн: «Фыдыбæстæйон хæсты (агъоммæ æз куыстон Дзауы райо- ны финхайады ревизорæй. Мæ хæстæ æххæст кæныныл ар- хайдтон, мæ хъару æмæ мæ мæ зонындзинæдтæ куыд амыдтой, афтæ. Никуы райстон ме ’мкусджыты зæрдæхудт... Мæ цард- вæндагыл цыдтæн цин æмæ ныфсимæ, тырныдтон рухс нысан- мæ... Фæлæ... уалынмæ райдыдта хæст.,» мæнмæ дæр æрсидтæ- уыд Советон Æфсады рæнхъытæм. Баконд æрцыдтæн 155-æм хицæн æхсæг бригадæйы минæхсæг дивизионмæ. Уыдтæн æф- сæддон дæлхаиы командир. Уый æмрæстæджы куыстон фæс- комцæдисон организацийы секретарæй дæр. 1941 азы ноябрæй 1942 .азы июнмæ хайад истон Кавказ бахъахъхъæныны. Уый фæстæ æиæхъæн фондз мæйы дæргъы удуæлдай тох кодгон СанчароæмæМарухы æфцгуытыл, цыран 155 хицæн æхсæг бригадæйы минæхсæг дивизион сæрсæттæн цæфтæ фæкодта немыцаг тыхæйисджытæн. 1942 .азы октябры мæйы нæ див’изион æрвыст æрцыд Ирыс- тоны зæрдæ — г. Орджоникидзе бахъахъхъæньшмæ. Горæты цур ахъаззаг тохы бацыдыстæм немыцæгтима^. Фыдгултьг дæрæнгæнгæ, бацыдыстæм суанг горæт Малгобекмæ. 1942 азы декабры мæйы уыдыстæм горæт Малгобекы цур æмæ йæ хъахъхъæдтам ’немыцæгтæй. Нæ хъус дардтам хинæй- дзаг фыдгултæм, фæлæ, æнæнхъæлæджы, цыппар немыцаг танчы, гыбар-гыбургæнгæ, æрбалæгæрстой махæрдæм, æрба- тыдтой хъахъхъæныны хахх. Сæ ных скодтой нæ дивизийы ’рдæм, бырстой æгъатырæй размæ. Æз сержант уыдтæн, фæлæ уыцы рæстæджы раивтон фæцæфуæвæг лейтенант взводы ко~ мандир Фомины. Исдугмæ фæтыхсæгау кодтон, цы сарæзтаин, уымæн кицы зыдтон. Фæлæ уалынмæ бардзырд райстон, цæ- мæй нызгъæлстаиккам æрбабырсæг немыцаг танкæтыл. Дивизионы командиры бардзырд æххæст кæнгæйæ, уади- дæгæн æхст радтон 120 мм минæхсæнтæй знаджы танкæтыл, Танчытæй уайтагъд дыууæйæн сæ «сыкъа» асастис — сæ бьг нæтты ма ныггыбар-гыбур кодтой æмæ æрлæууыдысты, сау фæздæг калгæ. Иннæтæ дæр оæ сæры бон куы базыдтой, уæд фæстæмæ фæзылдысты æмæ таппызарты хай фесты, цæст дæр сæ нал ауыдта... Немыцæгтæн се уонджы мигъ бадтис иæ егъаукалиброн минæхсæнтæй, тынг сæ тарстысты. Уымæ гæсгæ æппынæдзух цыдысты разведкæйы, цæмæй бæрæг кодтаиккой, нæ уыцы тыз- мæг хотыхтæ. цыран æвæрд уыдысты, уый. Гъе, æмæ мæ, æвæццæгæн, уыцы хатт сбæрæг кодтой æмæ ныл райдыдтой калын артиллерион цæхæр. Нæмгуытæ хæлдыс- ты нæ алывæрсты, бæстæ хъæр æмæ гыбар-гыбур ссис, уæл- дæф пиллон артæй сыгъдйс, сау ф^эздæг ныббадтис. Мах дæр сыл, кæй зæгъын »æй лъæуы, бæмбæджьь тулатæ иæ калдтам, нæ хотыхты хæтæлтæ сзынг сты... Фæлæ уæддæр див*изионы 655
командир бардзырд радта, цæмæй нæ артуадэæн позици æвæс- тиатæй аивтаиккам æндæр бынатмæ. Минæхсæнты æндæр бынатмæ куыддæр райдыдтам ласьш, афтæ та нæ ныхмæлæуджытæ фæфиппайдтой æмæ та сæ сар- мадзанты богъ-богъ ссыди. Уыцы заманы фехæлæг нæмыджы схъисæй уæззау цæфтæ фесты мæ рахиз агъд æмæ рахиз къух. Æз ницыуал базыдтон, ахаудтæн дæлгоммæ. Туг цыхцыр- джыгæй фемæхст, мæ ком райдыдта хус кæнын. Фыццаг меди- цинон æххуыс мын бакодта дивтаионы дохтыр, уд æмæ цæс- тæй конд адæймаг Къасрадзе. Уый мын мæ цæфтæ абæстытæ кодта бинтæй, стæй мæ иу сырхæфсæддонимæ фæхæццæ кодта санитарон батальонмæ, кæцы уыдис тохы быдырæй иу цыппар километры æддæдæр. Уым мын мæ рахиз къах алыг кодтой зоныгуылæй дæлæ- мæ. Ампутаци ма мын сарæзтой мæ рахиз къухы цæф æн- гуылдзтæн дæр. Тæккæ мæ уыцы бон юанитарон машинæйыл аластой горæт Махачкаламæ дæр. Махачкалайы госпиталы мын фæхос кодтой 1943 зы 14 январы уонг, стæй мæ уæд, æн- дæр уæззау цæфтимæ, санитарон поездыл аластой горæт Ле- шшаканмæ, № 1571-æм эвакогоспиталмæ, цыран фæдæн уыцы аз ноябры мæйы онг. Эвакогоспиталы махмæ здæхт цыдис æппæтфарсон, аудгæ хъусдард, хос нын кодтой- цæстуарзонæй. Уæлдай рæсугъддæр тæлмæнтæ мьш мæ хъæдгом зæрдæйыл ныууагъта сæйраг хи- рург Арютунян. Уый та мын ногæй сопераци кодта, архайдта æппæт амæлттæй дæр, цæмæй тагъддæр ссæрæн уыдаиккам æмæ. та æрлæууыдаиккам Райгуырæн бæстæйы хæдбардзинад хизæг æмбæстæгты æмрæнхъ. Бирæ хатт^иу æмбисæхоæв мæ фынæйæ фехъал дæн, фæйнæрдæм-иу акæстытæ кодтон æмæ та-иу уыцы хирургы лæугæ федтон куы кæцы уæззау рынчыны уæлхъус, куы та кæцы. Госпиталмæ нæм арæх >æд лæвæрттæ цыдысты Лешшака- ны районы цæрæг колхозонтæ æмæ пионертæ, хъæлдзæг нæ кодтой сæ концерттæй. Иугæр мæ уæззау хъæдгæмттæ куы «байгас» сты, уæд мæ рарвыстой нæхимæ, мæ уарзон Ирыстон- мæ, куыд инвалид, афтæ... Уæдæ... уыцы тугцъиртæ мьш мæ уæнгтæ æнусмæ фæаиппджын кодтой», — уынгæг, фæллад хъæ- лæсæй йæ ныхас балхынцъ кодта Ходты Георги æмæ та, йæ бадты уаг ивг,æйэе, йæ фæлурс цæсгомы нуæрттæ сæхимидæг схæлбурцъ кодтой, мæ хъусты та, судзинтау, фæныхстысты хъæдын къахы хъæвс-хъæвсы зæлтæ... Æз мæ сахртмæ æркастæн. Фатæг амоны иуæндæс... — Цæуынафон у, — цыма мæ бар куырдта, уыйау мæм æфсæрмдзæстыг, уарзæгой цæстæигаоæй æрбахастн Георги. Мæн мæ къах нал хаста хъæрмуд адæймаджы цурæй, фæлæ... ’Фæлæ хæрзæхсæвтæ загътам кæрæдзийæн... Кæрæдзийы къух- тыл ныххæцыдыстæм. Æмæ кæд хæстæфхæрд рахиз цонг æиæ ’нгуылдз уыд, 656
уæддæр мын цахæмдæр уарзæгой зæрдæйæ æлхъивыныл ар- хайдта мæ арм, мидызмæлд кодта фæрлæйдзаг, зарæджы ак- каг æнæнгуылдз, гуылмыз арм... Цæуын, мæ къæхтæ исын сабыргай. Дыз-дыз кæнынц мæ уæнгтæ. Æнахуыр хъуыдытæ мæ сæ уæлныхты юистой: «Зама- найы адæймаг... йæ ныхасы гъæд дæр зæрдæйæн дæдты ныфс, æхцолдзинад... Æрдæг лæт у, фæлæ нырма дæр дыууæ лæджы бæрц архайы, кусы... Хæрзиуæг нæ сæфы... Нæ хицауад дæр ын йæ лæггадæн бæззон аргъ скодта: хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæйон хæсты» дыккаг къæпхæны орденæй... Æмæ фондз медалы дæр чысыл хъуыддагыл нæ дзурынц миййаг... Сабыр куысты фронты дæр -намысджынæй æвдисы йæхи... Уæ- дæ йын 1954 азы хорз куысты тыххæй медаль цæмæн рад- той?.. 42*
Хъараты У. КУЫД ВÆЙИЫ, ЦЫ ВÆИЙЫ... Кæдæй фыосæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хабæрттæ, кæ- дæй нырмæ сæ дзурæм! Æмæ сын уæддæр кæрон нæй. Хæсты хъæбатырты сгуыхтдзинæдтæм хъусынæй не ’фсæдынц, топпы- хосы тæфмæ чи никуы басмыста, сармадзаны богъ-богъ чи никуы фехъуыста, бомбæйы схъис æрмæст музейы чи федта, уыцы рæзгæ фæлтæр, уыцы цæрæццаг фæсивæд. Кæсут та-ма уæртæ уыцы нывмæ. Алагиры скъола-интер- наты ис уыцы кадджын фембæлд. Дзуры нæлгоймаг. Хæстæг æм бадынц, æвæццæгæн, ра- гæй йæ цард æмæ тох кæимæ сбаста, ахæм оылгоймæгтæ. Фы- дыбæстæйы Стыр хæст, дам, сын базонын кодта кæрæдзийы. Сæ тохы фыдæбæттæ дæр сæ буарыл афтæ тарæй фыст уымæн æрцыдысты, фæлæ алагираг хæстон чызджытæн сæ цæсгæмт- тæй ныр фæйнæрдæм рухсы æндæхтæ тахтысты. Уыдон хъуыс- той сæ батальоны парторг П. М. Галкины мьисииæгтæм. ...1942 аз. Цыфыддæр азтæй иу уыд уый хæсты заман. Фылдæрæй-фылдæр кодта саударæг устытæ, чындзытæ æмæ хоты, сидзæрты нымæц. Туджы зæйтæ тынгæй-тынгдæр æн- хъæвзтой, уæддæр советон адæмы ныфс нæ саст. Адæмы рæст- дзинад знаджы фыццаг цæфæй нæ бабын, уый сæрибар хъахъ- хъæнджытæн се ’мдзу кодта. Знаг цас хъыхъхъагдæр кодта, уыйбæрц тынгдæр фыхтис лæджы туг. Райстой хæцæнгарз ирыстойнаг чызджытæ дæр. ,Уæд Алагиры астæуккаг скъолайы дæсæм кълæсты чызджытæ сæхиттæн бынат нал ардтой, се ’хсæнæй се ’мбал лæппутæ иу- гай-дыгай хæстмæ куы абырстой, уæд. Цалдæр хатты куырдтой 658
военкоматæй — мах дæр арвитут бархионтæй фронтмæ. Фæлæ сæ куырдиатæн разыйы дзуапп нæ истой. Æрмæст фæстæдæр, уьты аз, апрелы мæйы, фæскомцæдисы сидтмæ гæсгæ фронтмæ араст кодтой фондз æмæ ссæдз дæсæмкъласоны, сæ разæй фæскомцæдисонтæ Ханайты Рая, Таня Щерба, Баскаты Нинæ æмæ æндæртæ. Суанг Алагирæй семæ ацыд, уæлдæр кæй кой скодтам, уы- цы æфсæддон — Галкии. Чызджытæ иууылдæр бахаудтой иу батальонмæ. Уым сын, хæстон ахуыр кæнгæйæ, политрук дæр уыдис уый. Фæстæдæр та Галкин ВНОС-ы 23-æм сæрмагонд батальоны суанг 1945 азы августы онг уыд парторг. ВИОС — ома, батальон Воздушного Наблюдения, Оповещания и Связи. Фыд йæ цоты куыд уарза, цот та сæ фыды, афтæмæй арвыстой иумæ хæсты азтæ алагираг чызджытæ æмæ ныры запасы майор П> М. Галкин. Хæсты быдыры чи фесгуыхт, лæгдзинад чи равдыста, уы- донæй иу уыд Ханайты Рая. Уый йæ службæ æххæст кодта куыд æцæг салдат, æцæг æфсæддон. Уыимæ ма æхсæнадон куыстмæ дæр зæрдæргъæвд адæймаг рауад. Уымæ;н æй рав\ зæрстой ротæйы комсоргæй дæр. йе ’мбæлтты æхсæн — кад^ джын, уарзон адæймаг. Тæссаг уавæрты дæр никуы фæцудыд- та, никуы ныууагъта йæ куыст. Хæстифтонгæй-иу фистæгæй æрзылдис постытыл æмæ-иу баныхас кодта ротæйы фæскомцæ- дисонтимæ. Рая партийы рæнхъытæм дæр фронты бацыдис. Уый бафæзмыдтой йе/мбæлттæй бирæтæ æмæ уыдон дæр сис- ты коммунисттæ. — Æфсæддон ахуыртæ иттæг хорз фæуæвгæйæ, Рая тынг арæхстджынæй æххæст кодта йæ службæ, — дзурынц йæ хæс- тон æмбæлттæ.— 1943 азы сæрды уый тынг фæрынчын, фæлæ дзы уæддæр фехъусæн уыдис ахæм ныхæстæ: «Ахуыр куыд хорз скодтам, афтæ хорз дæрæн кæндзыстæм знаджы дæр,». Цæгат Ирыстонмæ немыцаг фашисттæ куы ’рбалæбурдтой æмæ Алагиры, стæй иннæ рæтты сæ хъæддаг митæ куы кодтой, уæд дæр Рая йе ’мбæлттæн уыд ныфсæвæрæг. Зын бафæразæн уыд Рая æмæ йе ’мбæлттæн, сæ уарзон ахуыргæнæг Баситы Чабæханы сау хабар сæм куы ныххæццæ, уæд. Уæд дæр фи- дардæр разынд Рая. — Уырнæд уæ, знаг дæрæнгонд кæй æрцæудзæн, уый,— сидтис йе ’мбæлттæм, — æмæ нæхи ма ’руадзæм, цалынмæ нæ маст сисæм знæгтæй, уæдмæ тох кæнæм хъæбатырæй.:: 1943 азы фæззæг Раяиты æрæййæфта Кременчугы. Уый хæдразмæ уыцы горæт уæгъдгонд æрцыд знæгтæй. Æрдæг^ хæлд агъуысты æрбынат кодта ротæйы пост. Уым дæр Рая йæхи хъæбатырæй равдыста. йæ посты лæууыд цырддзаст аемæ къæрцхъусæй, æххæст кодта ротæйы фæскомцæдисон ор- ганизацийы разамонæджы хæстæ дæр. Хæстон фронт уырдæм хæрз хæстæг уыд, æмæ алы ’хсæв, алы бон немыцаг хæдтæх- джытæ бырстой, архайдтой советон æфсады ахсджиагдæр ком- 659
муникацитæ пырх кæньшыл, дæрæн кодтой, фронтмæ хæцæн- гарз æмæ æнд. кæуылты æрвыст цыдысты, уыцы фæндæгтæ, хидтæ æмæ станцæтæ. Ахæм рæстæг уæлдай фылдæр куыст уыдир Рая æмæ йе ’мбæлттæн — арæх хъусьш кæнын хъуыдис хабæрттæ не ’фсадмæ, нæ тæхджытæм, нæ зенитчиктæм. Æмæ уыцы тæссаг рæстæджыты сæ постытæ никуы ныууагътой, са? удтæи никуы фæтарстысты Ханайты Рая, Хацъæты Рая æмæ алагираг иннæ чызджытæ. ’ ’ — Мæ з&рдыл ма хорз лæууы 28-æм октябры къæвдаджын æхсæв, -тг фыосы йæ мысинæгты запасы майор П. М. Галкин.— Бамбæрстам, знаг та нæм кæй æрбацæйбырста, уый. Уымæ гæс-' гæ тынг" хорз куыста иæ дислокаци. Æмæ, æцæг фронтыл сæхи изæрдальшгтæ куы æруагътой, уæд нæм знæгты æрбабыреты-' ты тыххæй хабæрттæ æрвитын байдыдтой нæ бастдзпнады хæстонтæ, вносæвæгтæ. Ротæйы посты радисттæ æмæ телефо- нисттæ Ханайты Раяйы разамындæй иттæг хорз сарæхстысты сæ куысты, æвæстиатæй хабар кодтой знаджы фæдфæливæн митытыххæй ^æмæ се стыр бырстæй ницы рауад, мах æфсæдтæ уайтагъд ’лидзæг фæкадтой немыцæгты. Æмæ ахæм хæстон тымыгътæй бирæ хæттыты аирвæзтыс- ты вносæвæгтæ, сæ арæхстджын службæйы фæрцы не ’фсæд- ты хæйттæ бирæ хæттыты фервæзтьисты фыдбылызтæй. Иуахæмы та знаг нæ аэродром уæлдæфæй , дæрæн куы кодта> у^ед 2371-æм посты цур знæгты тæхджытæ бомбæтæй ныппырх кодтой махо-нты бадæнтæй иу. Цалдæр адæймаджы дзы царфтæ дæр фæцис. Уыцы фæдисы фесгуыхт лейтенант Шевченкойы оперативон къорд. Ханайты Рая дæр йæ ротæйы фæскомцæдисонтимæ уыцы фæдисы фæсте «æ баззад. Уыдон мит уаргæйы, цъыф æмæ уазалы афтæ куыстой æмæ авд са- хатмгр ног землянкæ сарæзтой. — Æппæтæй тынгдæр мæ зæрдыл бадардтон, >ие ’фсæдтæ^ Будапешт куы уæгъд кодтой, уæд уым цы хæстон тохтæ уыдис, уыдон, — ныр дзуры Рая.—Ахæм рæсгæг мыл-иу скодта, æмæ мæ-иу бон дыууисоæдз хатты бахъуыд хабæрттæ арвитын æмæ хъусын кæнын. Ноджы тох уыдис тынг карз. Будапештæн йæ иу хай — Пешты раздæр райстой не ’фсæдтæ, фæлæ йæ иннæ хай Буда знæгтæ нал æмæ нал уæгъд кодтой. Куы-иу Буда^ мах бацис, куы-иу æй фæстæмæ немыцы æфсæдтæ .бацахстой. Уæд мах, вносæвæгтæ, стыр æххуыс фестæм нæ хæцæг æфсæд- тæн. Нæ сæрмæ-иу сарæх сты немыцаг хæдтæхджытæ, дæлæ- мæ бомбæтæ згъæлстой, фæлæ нæ пост йæ куыст нæ ныууагъ- та. ПештьГ бæрзонддæр хæдзæрттæй иуы уыд нæ кæсæн бынат æмæ уырдыгæй мах кодтам нæ куьгст. Хъæздыг у ефрейтор Ханайты Раяйы хæстон биографи, мах ацы ,ран иуæй-иу хабæрттаб радзырдтам. Æмæ канд Рая ахæм на^. уыдис. йæ алагираг æмбæлттæй иу дæр æгаддзинад .цæ сæрмæ не ’рхаста, иу дæр йæ райгуырæн бæстæйыл стыр- зæрдæ 'Никуы кодта. Ханайты Раяимæ куы ныхас кодтам, уæд 660
йæхи тохы фашдагыл къаддæр ныхас кодт.а, арæхдæр та йе мбæлттæ Хацъæты Рая, Хуырымты Рая, Дудиаты Рая, Таня Щерба, Нинæ Березнюк, Нинæ Склонякова, Баскаты Нинæ æмæ иннæты лæгдзинадыл дзырдта. Æмæ куыннæ зæгъæм «лæгдзинад» дæр? — Уæлахизы бон ,нæ æрæййæфта Чехоеловакийы хуссар арæныл, горæт Комарнойы. Хабар нæм «æрбахаста Хацъæты Рая. Фырцинæи ма цы акодтаиккам, уый нал зыдтам, кæрæ- дзийы бирæ фæхъæбыстæ кодтам, иæ цины цæосыгтæ нал æмæ нал урæдтам, — дзуры Хаиайты Рая. ...Фæстæмæ та Будапешты. Фæлæ ныр сæрибар, æнцад го- рæт, кæд сармадза;нты нæмгуыты æм,æ уæлдæфæй æппæрст бомбæты æппæт цæфтæ нæма байгаю сты, уæддæр. Махæн, сæрибархæсджытæн, стыр кад скодтой уым, Буда- пешты, — дзуры дарддæр Рая, — æмæ афтæмæй 1945 азы ав- густы уырдыгæй рараст стæм не стыр Советон Цæдисмæ, нæ уарзон Ирыстон, иæ райгуырæн Алагирмæ. ...Тыпдзыдта поезд, тагъд кодта чызджыты бæстæмæ, фæлæ уыдонмæ та афтæ каст, цыма бынтон сьшдæг цæуы. Чызджытæ иронау сæ вагоныл ставд дамгъæтæй афтæ ныффыстой: «Салам Ирыстонæн». Афтæмæй суанг торæт Орджоникидземæ схæццæ сты, æмæ ирьютойнæгтæ сæ хъæбатыр хæстон хотыл тынг ба- цин кодтой. ВНОС-ы 23-æм сæрмагоэд батальоны парторг чи уыд, Ха- найты Рая æмæ йе ’мбæлттæ фыд кæй хонынц, мыггагмæ дæр ирæттимæ стыр лымæнæй цæрынæн аккагæй йæхи чи равдыста, уый, М. П. Галкин — поэт, фыесæг æм,æ журналист— цалдæр боны размæ ногæй бабæрæг кодта йæ алагираг хæлæрттьь Фембæлд кадджын уавæры, уыд Алагиры скъола ин- тернаты. Уым ахуыргæнæгæй кусы Татьянæ Щерба. Мæскуы^ йаг уазæг алагирæгтæи фæдзырдта йæ мысинæгтæ, бакаст сын йæхи фыст æмдзæвгæтæ, арфæтæ кодта æппæт ирон адæмæн Дæр. — Æз фыосын чиныг «Цинелджын чызджытæ» æмæ уым сæйраг бынат æрцаждзысты алагираг фондз æмæ ссæдз хъæба- тыр чызджы,— загъта М. П. Галкин. — Хъуамæ рæзгæ фæлтæр зоной хистæрты тохы фæндæгтæ, æмæ — куыд вæййы, цы вæййы — лæджы ’сæр куы бахъæуа, уæд кæй фæзмын хъæуы, уый. Æппæт алагирæгтæ нæ федтой <сæ уазæджы, фæлæ йæ чи федта, уыдонæй мын бирæтæ ракодтой йæ кой, сæ зæрдæмæ тынг фæцыд, нæ горæтыл, дам, тынг бацин кодта. Уый Алаги- ры федта оккупацийы размæ, немыцæй уæгъдгонд куы ’рцыд, уæд дæр, стæй Уæлахизы хæдфæстæ æмæ ныр дæр. Æмæ, дам, бирæ фæрæсугъддæр Алагир, уæ хъæбатыр хотæ Ханайты Рая, Баскаты Нинæ æмæ иннæты райгуырæн горæт. Æмæ уьш раз- Дæры хæстон чызджытæн сæхи фæллойы хай дæр тынг бæрæг 661
дары. Хæсты фронтæй сыздæхгæйæ, се ’ппæт дæр ныххæцыдыс- ты ахуыр æмæ фæллойыл. Бирæ ма фæцыдысты -сæ цинелты сæ куыстытæм, се >скъо-* латæм. 1945 азæй фæстæмæ сæ алкæмæн дæр «сæвджын кодта» йæ фæллойадон биографи — чи æхсæнадон куысты .сырæзт,- чи ахуыргæнæг юсис, чи базарады кусæг, чи бухгалтер, чи та — инженер. Ханайты ефрейтор Рая хæстон службæйæ йемæ схаста æх- сæнадон кусæджы тæмæн. Хорз скъола йын уыд ротæйы ком- соргдш бакусын хæсты, стыр тохы бонты. Фыццаг пар тийы райкомы, стæй га фæскомцæдис:-т райкомы акуыс- та. Фæстæдæр фæцис каст областон партион скъола, æмæ -раздæр партийы райкомы æртыккаг, стæй та дык- каг секретарæй фæкуыста. Йæ амонд дæр ссардта — ацыд ?шнд?ы æмæ ма ныр, æхсæиадоч бæонон куыст кæнгæйæ, хъо- мыл кæны дыууæ сабийы. Алагирæгтæ цалдæр хатты фæд- фæдыл Раяйы равзæрстой Алагиры райсоветы депутатæй, æмæ авд азæй фылдæр кусы райæххæсткомы бæрнон секрета- ’рæй. Адæмæн лæггадгæнæг, кæстæриуæггæнæг, æгъдауджЫ’Н, кадджын, сыгъдæгзæрдæ адæймаг,æй зонынц Алагиры районы фæллойтæнджытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр еф- рейтор Ханайты Иваны чызг Раисæйы.
Пухаты Илья ЦЫППАР ХÆСТОН ОРДЕНЫ ХИЦАУ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг бонты знаджы ’фсæд- тæм фылдæр хæстон техникæ кæй уыдис æмæ æнæнхъæлæджы кæ.й ’рбабырста, уымæ гæсгæ рæстæгмæ бацахста нæ бæстæйы Хурныгуылæны ахсджиаг районтæ. Нæ Райгуырæн бæстæ бахаудис стыр тæссаг уавæры. Ацы тæссаг æмæ уæззау уавæртæ тыыг бахъардтой нæ бæстæйы æппæт адæмтæм æмæ бирæтæ нæ адæмæй райдыдтой барвæн- донæй цæуын фронтмæ немыцаг фашистты ныддæрæн кæ- нынмæ. Хуыбылты Александры фырт Никъала хæсты фыццаг бон- ты барвæндонæй ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм 1941 азы 23-æм июны. Хуыбылы фырт уыд артиллерион полчы дивизио- ны къамисар. Бирæ фыстой фронтон газетты Хуыбылты Ни- къалайы хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй, æфсæддон архивты ис, Никъала хæсты рæстæджы фронтты цы удуæлдай тохтæ кодта, уыдон æвдисæн документтæ, Хуссар Ирыстоны рауагъ- дад 1963 азы цы чиныг рауагъта, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад чи иста, уыдон тыххæй, уым. Никъала фыццаг хæстон фæлтæрддзинад райста Хъырымы хæстыты, уый фæстæ Сталинград, Орел, Курск, Харьков, Корсун-Шевченко,, Яссы Кишииев, Румын æмæ Венгри- йы. Немыцаг фашистты ныхмæ тохты фронты командæкæнына- ды хæстон хæслæвæрдтæ хорз сыххæсткæныны тыххæй Хуыбыл- ты Никъала хорзæхджын æрцыдис цыппар хæстон орденæй æмæ авд майданæй. Цæвиттон, 1943 азы 16-æмавгусты цыдис стыр тугкалæн хæстытæ торæт Харьков ссæрибар кæныны тых- хæй. Мах фистæг æфсæдтæ æхсæг хæйттимæ .хъуамæ ацæуой 663
атакæйы, ныппырх кæнын хъуыд немыцаг фашистты æфсæдты фидæрттæ æмæ æхсæн тæппытæ. Никъалайы артиллерион полк хъахъхъæдта æмæ æххуые кодта мах фистæг æфсæдтæп, размæ бырстой немыцаг фашнст- ты ныддæрæн кæнынмæ. Хуыбылы фырты инициативæмæ гæсгæ, цалынмæ фистæг а^фсæдтæ абырстаиккой, уæдмæ рæвдз æрцыдис артиллерион иугуырон сармадзанты æмæ минаметты æхст, уый стыр акти- вонæй баххуыс кодта фистæг æфсады размæбырстæн. Фæлæ знаг дæр æдых нæ разынд æмæ рацыдис контратакæйы. Æрв нæрæгау кодтой сармадзантæ æмæ минаметтæ, автоматтæ æмæ пулеметтæ. Хæсты быдыр туджы лæсæн фестади, цыма арв æмæ зæхх дæр сызмæстысты æмæ кæрæдзи хойынц. Аны тугкалæн хæстыты Никъала равдыста йæхи хъæбатыр хæстонæй. Фæстæмæ аппæрстой знаджы контратакæ æмæ скуы- нæг кодтой знаджы 2 фистæгæфсæддон батальоны, 13 æхсæг тæппы та æрцыдысты нымæг. Уыцы хæстон операцийы æхсар æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй Хуыбылты Никъала хорзæхджын йврцыд «Фыдыбæстæйон хæсты». дыккаг къæпхæны орденæй. Командæкæнынад фыста: «1943 азы 16 августы гор. Харьков сисыны тыххæй цы стыр тугкалæн хæстытæ цыдис, уым кти- тан Хуыбылты Никъала йæхи равдыста стыр хъæбатыр æмæ ныфсджынæй. Дивизионы командæгæнæг мæлæтдзаг цæф куы фæцис, уæд Хуыбылы фырт райста йæхимæ командæ кæнын æмæ командæ цы батарейыл кодта, уый стыр зиæнттæ бакодта знагæн». Днепры фурды сæрты ахизыны заманы цы карз тохтæ цы- дис немыцаг фашистты ныхмæ, уыцы ран дæр Никъала рав- дыста йæхи хъæбатырæй. Уый ахызтис фурды сæрты, фыццаг йæ хæстонты 3-аг батареимæ æмæ фистæг æфсады разма? абырстытæн батарейыл командæгæнæгæй тынг баххуыс кодта. 1944 азы 17 январæй 4 февралмæ цыдис стыр размæ бырсыны хæстытæ хъæутæ: Баландино, Радвановка, Самгородок, Воно- новка æмæ Сердюковкæйы ссæрибар кæныны тыххæй. Ацы карз хæстыты Никъала цы дивизионы уыд, уый артиллерион }^æмыджы а^хстæй скуьшæг кодта 3-минаметон батарейьь 2 сармадзаны æмæ 150 фашистæй фылдæр. Уыцы хæстои операцийы Никъала йæхи хъайтарæй кæй раз- дыста, уып тыххæй хорзæхджын æрцыд «Сырх Стъалыйы» ор- денæй. 1944 азы 20 августæй 23 августмæ уыдис ,карз хæстытæ горæт Бендермæ æввахс æфсæнвнæдагон станц Кирканешт æма* хъæутæ: Урсой, Скрофа æмæ Ларгæйы ссæрибар кæныны тых- хæй. 23 августмæ Хуыбылы фырты хæстон дивизион скуы- нæг кодта знаджы 17 пулеметон тæппы, 3 минаметы, уацары’ ракодтой 7 æмæ амардтой 80 фашисты. Уыцы хæстон операциты Никъала йæхи хъæбатыр хæстонæй 664
кæй равдыста, уый тыххæй та 3-аг хатт хорзæхджын æрцыд «Сырх Стъалыйы» орденæй. Советон Цæдисы Гарзджын Тых- тæ куы ньшпырх кодтой мемыцаг фашистты, уæд бахъуыдис Японы агрессорты дæр ньишырх кæиын. Хуыбылты Никъала хайад райста Японы агрессорты ныхмз* тохы дæр. 1945 азы 14 сентябры 1-æм Сырхтырысаджын ар- мийы бардзырдмæ гæсгæ майор Хуыбылты Никъала хорзæх- джын æриыд «Фыдыбæстæйон хæсты» дыккаг къæпхæны орде- нæй. Хæст куы фæцие, уæд Никъала æрыздæхтис йæ райгуы- рæн бæстæмæ. Хуыбылты Никъала нырт^еккæ кусы Злауыры районон га- зет «Колхозон цард»-ы редакторæй.
Пухаты Ияья ИРОН АДÆМЫ НАМЫСДЖЫН ФЫРТ Хъæцмæзты Серги ма Тбилисы 104 ирон астæуккаг скъола- йы куы ахуыр кодта, уæд дæр йæ уд, йæ дзæцц уыди æхсæна- дон куыст. Скъолайы-иу ын цыдæриддæр бахæс кодтой, уый- иу сæххæст кодта щæсгомджынæй. Уый уыди 1934 азы. Уæдæй фæстæмæ бирæ рæстæг рацыд æмæ цард дæр Хъæцмæзы фыр- ты кæм нæ амидæг кодта, цынæхуызон дæрзæг фæндагыл æй ауайын кодта, ахæм нал баззад. Хъарцмæф1 фырт астæуккаг скъола каст к.уы фæци, уæдæй фæстæмæ куыста Знауыры районы адæмон тæрхондоны секре- тарæй, куыста ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæу Дзагъина- йы, партийы Знауыры райкомы техникон секретарæй, газет «Коммунист»-ы (ныры «Советон Ирыстоны»-ы) редакцийы партион хайады инструкторæй, районон газет «Колхозои цард»-ы бæрнон редакторæй æмæ æндæр рæтты. Серги-иу цы- дæриддæр куысты сæргъ æрлæууыди, алы ран дæр-иу ын уыди стыр æнтыстытæ. Фæлæ мæнæ ралæууыд 1941 аз. Гермайнаг фашисттæ тыхæи æрбабырстой нæ Райгуырæн бæстæм. Арвмæ сгуылф кодта туг- калæн хæсты пиллон. Хъæцмæзы фырт дæр Ирыстоны хъæба- тыр лæппутимæ иумæ ацыд знаджы ныхмæ тохмæ. 1941 азы уый каст фæцис горæт Бакуйы политруктæ цæттæ- гæнæн курсытæ æмæ йæ арвыстой Калинины фронтмæ ротæйы политрукæй. Уыцы рæстæджы хæсты стъæлфæнтæ кодтой тынг- æй-тын!гдæр. Сармадзанты нæрын æмæ нæмгуыты æхситт æ»нæ- рын!ЦОЙæ уадысты Хъæцмæзы фырты .хъустыл дæр. Фæлæ иро-1 лæппу хъæддых лæууыди, йæ хæстон æмбæлттимæ аккаг дзуапп лæвæрдтой гитлерон фашисттæн. Йе ’фсæддон арæхст- дзииæдты, йæ рог фердæхт æмæ æнувыд архайдтыты тыххæй 666
Хъæцмæзы фыртæн стыр аргъ кодтой, кæимæ службæ кодта, æппæт уыцы хæстон æмбæлттæ. 1942 азы стыр ныфс уыдис фашистты, зæгъгæ, тагъд бамидæг \ыдзыстæм Советон Цæдисы столицæ — Мæскуыйы. Æррайау бырстой размæ — Калинины фронты ’рдæм дæр. Уæд ма Сер- гийы ротæ уыди хъахъхъæнынады уавæры. 1942 азы 14 февра- лы райсом 10 сахатыл горæт Ржевмæ хæстæг Ношкинойы хъæумæ ’фашисттæ райдыдтой сæ радон æрбабырст. Ам уыд Сергийы ротæ æмæ уайтагъд знæгты ныхмæ ацыдысты контра- такæйы. Фашисттæ кæд бæрцæй фылдæр уыдысты, уæддæр æппæрст æрцыдысты фæстæмæ 6 километры бæрц, бирæ афицерты æмæ салдæтты мардæй ныууадзгæйæ. Ацы стыр тугкалæн хæстыты Серги уæззау цæф фæцис æмæ æрвыст æрцыд горæт Вязникы звакогоспиталмæ. Серги чысыл куы фæдзæбæх, уæд æй фæндыд фæстæмæ йæ ротæмæ аздæхын, фæлæ йæ госпиталæй нæма ^агътой. Иу-цъус фæстæдæр аздæхт фронтмæ, йæ раздæры ротæмæ. йæ салдæттæ йыл сæмбæлдысты стыр цинимæ. Сергийы стыр хъæбатырдзинад базыдта 332 æхсæг дивизи- иы командæкæиынад æмæ йæ раразмæ кодтой комсоргæй 10-æм а-хсæг дивизийы сæрмагонд полкмæ. Ссрги та ам дæр равдыста йæ тых æмæ йæ хъару — цыбыр рæстæгмæ бацæттæ кодта, полчы цы ’взонг хæстонтæ уыд, уыдо’.чы æмæ се ’ппæты дæр’райстой фæскомцæдисы рæнхъы- тæм. Серги хорз кæй бакуыста æмæ 10-æм хицæн полчы фæс- комцæдисон организацийы Куыст йæ къахыл кæй сæвæрдта, уый тыххæй йæ дыккаг хатт раразмæ кодтой уæлдæр бæрнон бынатмæ — 332 æхсæг дивизийы политхайады хистæры хæди- вæгæй фæскомцæдисонты ’хсæн куысты фадыджы. Командæкæ- лыиад тынг бауарзта Сергийы аемæ уьгй дæр йæ хæстон хæс- лæвæрдтæ æххæст кодта æнтысгæйæ. 1943 азы стыр цæфтæ баййæфтой гитлерон æфсæдтæ Ста- линграды тугкалæн хæстыты æмæ Курск — Орелы тохты. Фæлæ та уыцы аз гитлерон абырджытæ ногæй лæбурдтой белоруссаг горæт Витебскмæ. Серги цы дивизийы уыд, уый йæхи цæттæ кодта радон абырсгмæ, цæмæй горæт Витебск сæ- рибар æрцыдаид. Серги фыццаг хатт нæ уыдис ахæм стыр хæс- тон операциты æмæ та ам дæр йæхи срæвдз кодта знагæн аккаг ныхкъуырд радтынмæ, цæмæй æххæст æрцыдаид командæкæ- пынады бардзырд, сæрибар æрцыдаиккой горæт Витебск æмæ иæ алыварс хъæутæ. Ам ,раззагдæр рæнхъыты цыдысты, Серги кæй бацæттæ код- та, уыцы фæскомцæдисонтæ æмæ фыццаг уыдон бабырст>й горæт Витебскмæ æмæ уым æрсагътой уæлахизы сырх тырыса I орæт ссæрибар кæныны тыххæй 67 хæстон фæском^цæдисоны хорзæхджьш æрцыдысты ордентæ æмæ медалтæй. Серги та, комапдæкæнынады бардзырд кæй сæххæст кодта, уый тыххæй 667
хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон Хæсты 2-аг къæпхæны ор* денæй. Серги дарддæр йе ’мхæстон æмбæлттимæ-фæскомцæдисон-* тимæ бырста размæ æмæ дæрæн кодтой гитлеронты. Фæстæдæр полк цы æфсæддон хайььуыд, уый бырсын рай- дыдта размæ æмæ сæрибар æрцыдысты бирæ хъæутæ, , стæи горæт Подольск дæр. Ацы то.хты Серги хъæбатырæй кæй тох кодта, уый тыххæй та хорзæхджын æрцыдис «Сырх Тырысайы» ордеиæй æмæ та æртыккаг хатт раразмæ æрцыдис 83 æхсæг корпусы политхайа- ды инструкторæй. Серги дыккаг хатт фæцæф ис 1944 азы 18 октябры горæт Лецкавайы стыр тугкалæн хæсты, фæлæ уæддæр хæсты быды- рæй на) ацыд. Æппæт уыцы карз тохты Серги йæхи хъæбатырæй кæй рав- дыста, уый тыххæй та уымæн скад кодтой 4-æм номдзыд ар- мийы командæгæнæг гвардийы инæлар-лейтенант Малышев æмæ æфсæддон Советы уæнг инæлар-майор Белик, сæ бардзыр- ды 1945 азы 31 январы Хъæцмæзы фырты «Сырх Тырысайы»ор- денæй схорзæхджын кæнгæйæ. Уыцы бардзырд мыхуыр æрцы- дис, 1963 азы Хуссар Ирыстоны рауагъдады чингуыты сектор цы чиныг рауагъта — «Хуссар Ирыстон Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 1941—1945 азты рæстæджы», зæгъгæ, уым. Серги у 4 ордены æмæ 6 медалы кавалер. Отыр Фыдыбæс- тæйон хæсты фæстæ уый йæ уарзон æфсæддон дæсныйад нæ ныууагъта, каст фæцис Ленины номыл æфсæддон-политикш Академи æмæ ныртæккæ дæр кусы бæрнон бынаты Советоп Æфсады рæнхъыты.
Мстсыраты Мурат «КЪУЫНДЗИХ» ФЕЗМÆЛЫД Мæйрухс азхсæв. Арвыл иу мигъы цъупп нæ зыны. Мæй цæл- хыдзагæй фæлгæсы дунемæ, йæ рухсæй, æвзистау, æрттивынц бæлæсты сыфтæртæ, бæрзонд къæдзæхты тигътæ. Æмбисæх- сæв у ныр. Æрдз ныссабыр, фынæй кæны, æрмæст хатгай рог дымгæмæ сыфтæртæ базмæлынц, цыма Хадзыбечырæн афтæ зæгъынц: «Уыныс, мах дæр нæ фынæй кæнæм». Æхсæвы æрдзы рæсугъддзинадмæ кæсыиы тыххæй æнæ- хуыссæг нæу Хадзыбечыр: бахæс ын кодтой тынг ахсджиаг хъуыддаг — паддзахадон арæн хъахъхъæнын. Р1æ дæлбæрн цы салдæттæ ис, уыдон лæууынц сæ бынæтты, æиæзмæлцвйæ, цырд- / лзастæй кæсьшц сæ размæ. Алчи дæр дзы хорз æмбары йæ бæр- иондзинад. Фæлæ дзы иуæй-иутæ хæрзæрыгон сты, фаг фæл- тæрддзинад сæм нæма ис. Фаллаг фарсæй цы «уазджытæ» фæ- зыны хатгай, уыдон та тынг хинæйдзаг сты, афæливынмæ —* дæсны. Хъæрæцаты Хадзыбечыр кæд æрыгон командир у, уæд- дæр уыцы «уазджыты» фæдфæливæнтæ хорз зоны, фæлтæрд- дзинад æм ис. Мæнæ ныр зилы, арæнæй йын хъахъхъæнынæн цы хай ба- бар кодтой,- ууыл, лæмбынæг кæсы алы дур, алы к.ъуындзихмæ . дæр. Се ’ппæт дæр ын зонгæ сты, алкæйы хуыз дæр хъуамæ æиæмæнг йæ зæрдыл дара. ...Бабæрæг кодта иу пост, дыккаг... Кæрæдзимæ дæрддзæф сты. Æрбахæццæ æртыккагмæ. Æрыгон салдат йæ бынаты æмбæхстæй лæууы æдзынæг, фæлгæсы йæ размæ, йæ фæйнæ 669
фæрстæм, хъусы алы сыбыртмæ дæр. Хадзыбечыр æм сабыргаи бацыд æмæ уый дæр <йæ цæст ахаста хъæдыл. Никуы ницы зы- ны гуырысхойатæй. Ныртæккæ ацæудзæн æмæ йæ фæллад уадздзæн. Уалынмæ... — Уартæ уыцы ставд къуыидзих уыныс? — фæрсы коман- дир салдаты, сусæгæй дзургæйæ. — Уынын. Æмæ цы? — Знон, æндæрæбон дæр уым уыдис? Æмæ-гъа, бирæ сты къуындзихтæ, се ’ппæт йæ зæрдыл чи бадардзæн... Ницыуал сдзырдта Хадзыбечыр. Дыууæйæ дæр æмбæхстæн лæууынц, æдзынæг фæлгæсынц, зæххæй иу метры бæрзæндæн чи уыд, уыцы ставд бæласы лыггагмæ. Рацыд иу цалдæр ми- нуты — æмæ къуындзих зына-нæ зына йæ бынатæй фезмæлыд. Арæны хаххырдæм иу цалдæр санчъехы бæрц æрбабырыд æмæ ныллæууыд. Афтæ иудзæвгар æнæзмæлгæйæ баззад, стæй та уыцы сабыргай абырыд, арæны хаххыл æрбахызт æмæ æндæр къудзиты æхсæн æрлæууыд. Салдат дисы бацыд, ай цы хабар уа, зæгъгæ, фæлæ коман- диры цæсгомыл мур дæр ницы дисы фæд уыд. Уый салдаты арвыста заставæмæ, фехъусын кæнынмæ, йæхæдæг дарддæр къудзимæ лæмбынæг каст. Уайтагъд æрбахæццæ арæнхъахъхъæнджыты къорд. Хадзы- бечыр бардзырд радта, иутæ къудзимæ ныхьхъавæнт æмæ аф- тæмæй æнхъæлмæ кæсæнт, иннæтæ йæм мемæ бацæуæнт, зæгь- гæ. Бацыдысты йæм алырдыгæй. Къуындзих йæ бынатæй нал змæлы. Мæнæ йæм бынтон æрбахæстæг сты, бæлвырд зынынц йæ къуызыр уидæгтæ. — Сыст уæлæмæ! — дамбаца йæ къухы даргæйæ, фæхъæр кодта Хадзыбечыр. Фæлæ къуындзих не змæлы. Уæд æй къах- æй бацавта. Фезмæлыд «къуындзих», æваст фæбæрзонддæр, йæ бьшæй разынд адæймаджы къæхтæ, стæй уæд лæг, къуындзи- хы хуызæн ыл цы халагъудгонд уыдис, уый иуварс аппæрста, йæ къухтæ хæрдмæ систа... Æмæ цынæ диссаг хъуьтды кодта имлериалистон разведкæ, нæ арæнтыл æрбэхизыныл архайгæйæ. Æртынæм азты уыдис уый. Фæсарæйнаг фыдгæнджытæ-и>' ирвæзгæ дæр æрбакодтой нæ бæстæмæ. Архайдтой, урсгвар дионтæ æмæ басмачытæй ма æмбæхстæй чи баззад, уыдоны руаджы алы фыдбылызтæ аразыныл, цы талынг адæм ма уыд кæ бæстæйы, уыдоны советон хицаудзинады ныхмæ ардауы- ныл. Иуахæмы Хъæрæцаты Хадзыбечырæи фехъусын кодтой: фæсарæйнаг разведкæйы агенттæ цалдæр боны размæ нæ бæс- тæйы Февзæрдысты, бастдзинад сарæзтой басмачытимæ, уыдо- ны руаджы-иу хъазахаг хъæуы цæрджыты сразы кодтой фæса- рæнтæм алидзыныл, ахсæв сæм æнхъæлмæ кæс... Арæнхъахъхъæнджыты чысыл къордимæ Хадзыбечыр бабадг 670
фылгæвджыты æрбацæуæны — комæй хохы сæрты æфцæгыл ахизæн кæм ис фаллаг фарсмæ, уым. Дурты фæстæ сæхи баау- уон кодтой, Оынæй сæм ком, армы тъазлæнау, зыны. Уалынмæ æмбисæхсæв райхъуыст бæхты хуыррытт. Чысыл фæстæдæр æр- базынд чырæ дæр. Ныр афон уыд архайынæн. Командир йæ- хæдæг æрхуыссыд пулеметы цур. Цæмæй, сайд кæуыл æрцыд уыцы адæмы ма ныццæгъда, уый тыххæй сын сæ сæрты нæм- гуыты иу* рæнхъ ауагъта. , Райхъуыст цъæхахст, чырæ фæстæрдæм фенкъуысыд. Æр~ мæст фæсарæйнаг «ирвæзынгæнджытæ» нæ алыгъдысты, зæх- хыл æрхуыссыдысты æмæ æхсын байдыдтой пулеметтæй, топ- пытæй уæлæмæ, хохмæ. Фæлæ уыдон арæнхъахъхъæнджыты нæ уыдтой, сæхæдæг та бæрзондæй хорз зындысты. Æмæ адæ~ мæй куы фæхицæн сты, уæд сыл Хадзыбечыр ,пулемет ауагътг, йæ къорды салдæттæ та сæ топпытæй æхстой. Чысыл фæстæдæр сæм феххуыс кæнынмæ æрбахæццæ æн- дæр заставæйы къорд. Йæ командир разынд, Хадзыбечыр 1924 —1927 азты Краснодары æфсæддон скъолайы кæимæ ахуыр кодта, ахæм заманхъуйлаг лæлпу Карсанты Хъазыбег. Фæлæ йæ сыхæгты æххуыс нал бахъуыд: фæсарæйнаг разведкæйы агентты къорд дæрæнгонд æрцыд, адæм дæр бамбæрегой сæ рæдыд æмæ фæстæмæ сæ райгуырæн хъæуы æрцардысты. — Уый фæстæ уыцы хъазахаг хъæуы фæсивæдæй бирæтæ махмæ службæ кодта, — зæгъы Хадзыбечыр. — Тынг дзæбæх лæппутæ уыдысты. Ныртæккæ, ацы рæнхъытæ куы кæсут, уæд отставкæйы бул- къон Хъæрæцаты Хадзыбечыр ис уазæгуаты арæнхъахъхъæн- джытæм, ахуыдтой йæ сæ бæрæгбоныл иумæ бацин кæнынмæ.
ХЪЕСАТЫ Ф’ОНДЗ ÆФСЫМÆРЫ ТОТЫРАДЗ МЫСОСТ Уырымты П. ÆМÆ ЗАРÆГ СИСТОИ АДÆМ Таугæрдæг арвнæрд æмæ сыг къæвдайы фæстæ бынтондæр ьыццавта хæрдмæ. Бæлæстыл, цыма, исчи хæрдгæ æртæхтæ байзæрста, уыйау ныгуыпп ласта сæ дидинæг. Кæрты ацы афон бæгъæввадæй арауай-бауай кæнын æнахуыр æхсызгон вæййы сывæллæттæн. Серафины цæстыл иыр дæр ма ауайы, йæ кæстæр æфсымæртæ дзы куыд згъордтой, уый. Лæууынц ма уыцы бонтæ Серафины зæрдыл. Бирæ змæлæг уыд сæ кæрты *- стыр бинонтæ — фондз гуыппырсар æфсымæ- ры уыд Хъесаты Раздены хæдзары. Фыд уæлдай сæрыстыр уыд йæ хистæр фырт Аслæибегæй. Иннæтæ нырма æнахъом сты, фæлæ уал хистæр йæ фарсмæ балæууыд. Хуымæтæджы сæрыс- тыр уыд йæхицæй, Уæладжиры комыл-иу бæхуæрдоны æрзæт куы рацæйласта, уæд. Рæстæг фæсивæдыл ног царды цы стыр хæстæ æвæры, уый лæппу нæма æмбæрста. Уыцы хæс та уыд ахуыр, Æрыгон фæлтæры сахуыр кæнгæйæ, æнтыстджынæк аразæн уыд ног цард, советон цард. Куыдфæстæмæ уыцы хъуыддаг æрæмбæрста Аслæнбег æмæ йæхи æппарын райдыдта размæ. 1930 азы уый бацыд фæскомцæдисы рæнхъытæм. Чысыл фæстæдæр æй арвыстой Краснодары арæзтадон институты раб- факмæ. Цыппар къласы йедтæмæ каст нæ фæцис æмæ æхсæв- бон кæрæдзийæ нæ иртæста. Æрыгон лæппу кодта ахуыр æма^ ахуыр. Зæрдæргъæвдæй хъуыста ахуыргæнæджы алы дзырд- 672
АСЛАНБЕГ АЛИХАН ХЪАЗЫБЕГ 43* 673
мæ дæр. Зыдæй ахста йæ алы ныхас. Æиæг-иу æм уын-гæй бæх ты къæхты х^^æр куы байхъуыст. уæд-иу цæстытæ сæхæдæг уыцырдæм фæзылдысты. Бæхыл абадын йедгæмæ йын маць: радт. Афтæ сæ уарзта. Ахуыры фæстæ дæр институты, æвæццæ* гæн, уымæн нæ баззад. Бацыд Тбилисы æфсæддон барджь\- ты скъоламæ. Каст æй фæци æмæ райста кæстæр командиры чин. Æмæ райдыдта æфсæддон службæ. Сыстад Фыдыбæстæйы хæсты стыр тымыгъ. Дунейы рæстзæрдæ фæллойгæнджыта) цины зарджытæ кæуыл зарыдысты, уыцы Советон бæстæм.т ьыббырстой немыцаг фашисттæ. Адæм рацыдысты лæгæй-лæг- мæ тохмæ. Æваст хæсты цыренмæ афтын йæ къухы нæ баф- тыд Аслæнбегæн. Йæ бинойнаг Асямæ фыста Хъазанæй, нæма мæ уадзынц, æххæст, дам, уал ахуыр фæу хистæр командирты курсытæ. Цалдæр мæйы фæстæ та Ася райста ног писмо: «Тыхс- гæ ма кæн. Абон, 1 октябры, ме ’фсæддон эскадрон уыди Мæс- куыйы раз карз тохы. Знаг куыд зыны, афтæ тыхджын тæссаг нæу. Æнæмæнг æй ныддæрæн кæндзыстæм. Тагъд ссæрибар уыдзысты, цы горæттæ нæ байста, уыдон. Дæ цæст дар «æ чы- сыл Виктормæ». Фæлæ уый уыд йæ фæстаг писмо. Уæззау <сау хабар ныр дыккаг хатт йæ базыртæ бахоста Хъесаты дуарыл. Равзæрдысты судзаг цæссыгтимæ æрхæндæг зарæджы фыццаг рæнхъытæ. Уой, зæгъы: Хистæр Аслæнбег фæмарди тохы, Нæ бæсты зæрдæ Мæскуыйыл тохы, гъей. йæ рухс ном махæн иæ уыдзæн рохы. Уой, зæгъы: Киевы бынмæ æгъатыр хæсты Æвзонг Тотырадз фæмард ныфсджынæй, гъей. йæ намыс баззад цытæи йæ фæстæ. Цæры йæ фæстæ, цæры ныфсджынæй, гъей. йæ бирæ цотæй Раздены кæрты уыйас змæлæг нал уыд. Бафистæг кодта йæ цæнгтæ æмæ йæ цот тохы куыд архайдтой, афтæ йæхæдæг та, колхозы кусгæйæ, ахъаз кодта Советон Æф- садæн цыфыддæр знаджы ныддæрæн кæнынæн. Сæумæрайсом- иу аивæй йæ цæст ахаста йæ хистæр фырты къамыл. Бинон* тæй йæ куыд ничи бафиппайа, афтæ-иу асæрфта йæ цæссыгтæ æмæ та-иу араст йæ куыстмæ. Йæ хистæры хъысмæты æнгæ^ уыд Тотырадзы цард дæр. Хуымæтæг колхозон лæппу, стæй та æрзæткъахæг. Бирæ рæсугъд фæндтæ нывæзта йæ зæрдæ, фæлæ йын иæ бантыстысты. Хæсты тыфылы бахауд фыццаг бонтьк Йæ пулеметæй æнауæрдонæй цагъта фыдгулты Киевь; уынгты, фæлæ йын сонтæй фескъуыдта йæ цард знаджы нæ- мыг... — Лæппу, марадз-ма, — раздæрау ма-иу ахуырæй адзырдта Разден кæртмæ æмæ та-иу фæхъус. Иæ .цалдæр фыртæй йа> 674
разы ничиуал уыд. Се ’ппæт дæр ацыдысты Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Цæмæй зыдта Разден, йæ æртыккаг фырт, йæ цæхæрцæст Мысостæй дæр сау хабар кæй сыхъуыст, фæлæ йын æй сых кæй нæ хъæр кæнынц, иунæг азмæ ахæм æвирхъау цæфтæ иу зæр- дæйæн æнцон кæй не сты, уый æмбаргæйæ.4 Фыд та æнхъæлдта, йæ гæрзарм Мысост, хъæд æмæ æфсæй- нагæй, æлыгау, æнцонæй алцы чи арæзта, хъæды заводæй-иу æм ’ мидбылхудгæ чи æрбацыд, тæрсгæ ма кæн, зæгъгæ-иу ын ныфсытæ чи авæрдта, алагтрансæй йæм-иу цардхъæлдзæгæй улæфты сахат дæр чи æруад, уыцы Мысост ныр дæр ма æгас у. Йæ зениткæйæ, хъæрццыгъатау, æппары немыцаг хæдтæхджы- ты Ленипграды сæрмæ. Æрæджы дæр ма дзы дзæбæх писмо куы райста уырдыгæй, уæд куыдницыуал фыссы. Разден цæмæй зыдта йæ зынгхуыст лæшпуты зарæджы ног рæнхъыгæ адæмы зæрдæйы, хъарæгау, кæй сæвзæрдысты. Уой зæгъы: Нæ уарзон горæт Ленинградыл Куыд. уæззау тохтæ фæкодтой адæм, гъей! Мысост нæ фæтарст йæ æвзонг ца,рдæн, Фæмарди тохы нæ бæсты кадыл. Мысосты чи зыдта, уыдонæй абон дæр рох нæу уыцы хæд- æфсарм, фæлæ хъæбатыр æфсæддон. — Бирæ йæ уарзтам мах, — зæгъы йæ хæстсш æмбал, при- бораразæн заводы кусæг Николай Доманов. — Цыфæнды зын сахат дæр-иу йæхимæ нæ ныхъхъуыста. Хъæлдзæг æмæ ныфс- джын уыд. Тохы фæстæмæ фæкæсын нæ зыдта. Æрмæстдæр размæ. Хъæбатырæй фæмард. Ныгæд æрцыд Ленинграды, Са- бырады проспектыл... Разден та каст æнхъæлмæ писмомæ. Райста-иу стæм хатт- Æцæг, хистæртæй нæ. Ныфсæвæрæн ныхæстæ ма йæм фыста æппæты кæстæр Хъазыбег. йæ алы фыстæг дæр ын бæрæгбон уыд, хур ыл-иу ныккаст. Алагирæгтæй ныр дæр ма бирæты зæрдыл лæууы, æмбырдты-иу Разден куы дзырдта, ноджы æну- выддæр фæллоймæ-иу сæм куы сидт, уыцы ныфсджын хъæлæ- сæй. Бирæтæ-иу бацыдысты дисы, йæ зæнгтыл ма куыд лæууы ахæм æвирхъау хабæртты фæстæ. Цæссыджы æрхæндæгдзина- ды нысан ничи рахатыдтаид ахæм сахат Раздены цæсгомыл. Чи йæ зыдта уæд, фыд-иу æ<хсæв бонмæ йæ цæстытæ кæй кæ цъынд кодта. Кæрэедзийы фæстæ-иу, цардæгæстау, кæй сыста- дысты йæ разы йæ цардбæллон хъæбултæ, æрæджы дæр ма-иу цъæх кæрдæджы карчы цъиуты фæдыл бæгъæввадæй чи згъор- дта^, уыдон. Хъæубæстæ цæмæй зыдтой, йæ риуы йæ зæрдæ кæй ныддур, фæлæ уый адæммæ кæй не ’вдисы. Нæ зыдта Разден йæхæдæг дæр, сау сынт та сæ хæдзармæ дыууæ хатты бауасынмæ кæй хъавы. Цæмæй .æмбæрста, йæ ин- 675
на^ дыууæ хъæбулы дæр — Алихан æмæ Хъазыбег царæфтыд кæй баисты мæлæтдзаг тохы. Бæсты сæрвæлтау нывондæн радтой Сæ цард Хъазыбег, Алихан ноджы, гъейГ Нæ хæдбардзинад уæддæр нæ радтой, Дæрæн куы кодтой, дæрæн знаджы, /гъей! Нæ зыдта, пæ, Разден, адæм йæ хъæ1батырæй зынгхуыст фырттыл номы зарæг кæй скæндзысты. Фæшвæд уыцы зарæг кæй исдзысты фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Уой зæгъы: Раздены фырттæ, йæ фондз хъæбулы, Карз хæсты радтой сæ рæзгæ удтæ, гъей! Æнæвгъау цагътой лæгмар фыдгулы? Лæгмар фыдгуды ирон лæппутæ, гъей! Уой зæгъы: ; Хъесаты номдзыд, нæ фондз цæргæсы Мысæм уæ абоп, мысæм уæ рухс ном, гъей! Æмæ адæм сиетой зарæг. Зарæг Хъесаты фондз æфсымæ- рыл, Райгуырæн бæстæйы сæрибары сæрвæлтау оæ цард нывон- дæн чи æрхаета, хæсты быдыры хъæбатырæй чи.фæмард, уыдо- ны зарæг. Йæ цард кадæггаг, номарæн зарæггаг кæмæн вæййы, уый рох нæ фæкæнынц адæм. Абон Алагиры уынгтæй дæр иу хуымæтæджы нæу Хъесаты фондз æфсымæры номыл. Уый у адæмы уарзондзинады, еæрыстырдзинады æвдисæн. ...Уалдзæг та ис йæ тæмæны. Дуне, сабыр дуне йæ мидбыл худы адæммæ, хурыфсæст, цардæфсæст адæммæ. Хæдæфсармæи зонынц Серафины адæм. Йе ’фсымæртау се ’хоæн нымад у. Æмæ, кæд ныр уыдонæй сæ кæрты иу змæлæг нæй, кæд Разден сæ къæсæрæй уынгмæ нал рахизы, уæддæр !æй æмбары, сыхбæс- тæ, хъæубæстæ сын рох кæй нæ кæнынц сæ рухс ном, адæмы зæрдæты рæбинаг кæй сты.
Цхуырбаты Иван ХÆХХОН ЦÆРГÆС. Гвардийы майор Хъотайты Зурабы фырт Герсан райгуырд 1915 азы Дзауы районы Майрæмы хъæуы мæгуыр хæххон хæ- дзары. Герсан каст фæцис Чеселты райдиан скъола, стæй та Хъемултайы æнæххæст астæуккаг скъола. Хъотайы фырт ахуыр кодта Цхинвалы индустриалон техникумы, стæй та Цхинва- лы педтехникумы, каст æй фæцис 1938 азы. Уьтцы аз ма Гер- сан каст фæцис Цхинвалы аэроклубы тæхджыты курсытæ дæр. 1940 азы Хъотайы фырт каст фæцис Сталинграды тæх- джыты ахуыргæнæндон æм.æ службæ кодта Ленинграды æфсæд- дон окруджы уæлдæфон хæйтты. Хъотайты Г. 3.1941 азы 25 ию- нæй активон хайад исын райдыдта Цæгат фронты уæлдæфон тохты немыцаг фашистты ныхмæ. 1941 азы июны фæстаг боны 54 тæхæгæн хæсгонд æрцыдис Латвийы стыр æфсæивæндагон æлхынцъ Резекнейы фашис- тон æфсады стыр къорд æмæ уыдан техникæйыл бомбæтæ нык- калын. Уыцы тæхджытимæ уыд не ’мзæххон Герсан дæр йæ бомбæласæн хæдтæхæгыл. Бомбæзгъалджыты хъахъ,\ъæдтой знаджы куынæггæнæг хæдтæхджытæ æмæ объектмæ куы бахæц- цæ ,сты, уæд сыл сæхи ныццавтой, советон тæхджыты знæгты сармадзантæ уынгæг кодтой. Ахæм вазыгджын хæстон уавæры Герсан æмæ йе ’мб^æлттæ уæддæр сæ ных сарæзтой Резекнейы станцмæ, знæгтæ-иу сæ кæй хæдтæхæг ссудзын кодтой, уый дæр-иу йæхи, цæф уариау, ныццавта знаджы .хæстон эшелон- тыл. Хъæбатыр тæхджытæ цæсгомджынæй юæххæст кодтой хæстон хæслæвæрд. Уымæй уæлдай ма æрæппæрстой æхсæз мессершмитты æмæ раздæхтысты .сæ аэродроммæ. Уыцы карз 677;
тохы Герсан йæхи равдыста ныфсджын æмæ арæхстджын тæ- хæгæй. Уый фæстæ та Хъотайы фырт фашистон æфсады стыр къор- дыл бомбæтæ згъæлста Гдовмæ хæстæг фараст æмбалимæ. Уыцы тохы знæгтæ советон тæхджытæй æрыппæрстой æхсæзы, Герсан ма уæлдæфы баззад дыууæ ’мбалимæ, фæлæ уæддæр сæ хæстон хæс сæххæст кодтой. Æдыппæт Цæгат фронты Хъотай- ты Г. 3. сарæзта 42 хæстон атахты, æмæ кæддæриддæр хъæба- тырæй дæрæн кодта знæгты. 1941 азы августы Хъотайты Г. 3. фронтæй æрвыст æрцыд ног хæдтæхджыты сахуыр кæныны курсытæм. Фæлтæрд тæхæг Хъотайы фырт Казаны уайтагъд базыдта ног хæстон машинæ- ты æмæ æрвыст æрцыд Ныгуылæн фронтмæ. Уым Герсан службæ кодта 4-æм пвардиои тæхæг полчы æмæ 1942 æмæ 1943 азты зымæджы активон хайад иста Мæскуыйы цур карз уæл- дæфон тохты. Мæскуыйæи ныгуыл.æны ’рдыгæй Доватор æмæ Плиты Иссæйы бæхджын æфсад фашистон æрхъулайы куы бахаудтой, уæд Герсанæн хæсгонд æрцыд, цæмæй уыдонæн сæ ралидзæп фæндагы ныв Ярцевойæ Гжатскмæ систаид хæдтæхæгæй. Хъо- тайы фыртыл уыцы рæстæджы знæгтæ кæд æппынæдзух нæмыг згъæлстой, уæддæр йæ хæслæвæрд сæххæст кодта рæстæгыл. Фашисттæ фæстаг уысмы ссыгътой Герсаны хæдтæхæг, фæлæ хъæбатыр хæххон ирон арæхстджынæй æрбадын кодта пиллон- калгæ машинæ, раппæрста фæндаджы нывтæ æмæ парашютыл рагæпп кодта. Уыцы хъайтардзинады тыххæй Герсаны коман- диртæ домдтой, цæмæй йын радтаиккой Ооветон Цæди’сы Хъайта- ры иом, фæлæ йын лæвæрд æрцыд «Сырх Тырыса»-йы орден. Хъотайы фырт дарддæр тох кодта советон столицæмæ уæлдæфон æрбацæуæнты, 1942 азы Вязмайы сæрмæ дыууæ ’мбалимæ æрыппæрстой знаджы мессершмитт. Уый фæстæ та Герсанæн хæсгонд æрцыд, цæмæй систаид Юхновæй Мединмæ фашистон æфсæдтæ æмæ техникæйы нывтæ. Герсан йæ куыст куы фæцис, уæд та йын знæгтæ йæ хæдтæхæг осыгътой, фæлæ та ацы хатт дæр ’йæ экипажимæ раирвæзт мæлæты дзæмбытæй. Уыцы тохы уæлдæфы Герсаимæ йæ радист дзырдта: «Æмбал командир, судзæм!» Хъотайы фырт ын ныфсджынæй дзуапп радта: «Ма тæрс, ирон лæг афтæ тагъд сыгъд нæ фæуыдзæи æмæ дæ уæдмæ зæххы авæрдзьгнæн!» Герсан йæ дзырд æххæст дæр скодта, фæлæ йæхæдæг уæззау цæф фæцис æмæ бахауд æфсæддон рынчындонмæ. Ныгуылæн фронты уæззаудæр бонты Хъотайты Г. 3. сарæзта фæндзай хæстон атахты æмæ-иу альт хатт дæр хæстон хæслæвæрдтæ сæххæст кодта цæсгомджынæй. Уый тыххæй хорзæхджын æрцыд «Сырх Стъалыйы» ордеиæй. Хъотайты Г. 3. рынчындонæй куы рафыстой, уæд йе нæниз- дзинад бæрæг фæцудыдта æмæ йæ фронтмæ нал ауагътой, æр- выбт æрцыд/и горæт Казанмæ ног тæхджытæ ахуыр кæнынмæ. Хъотайы фырт йæ хæстон фæлтæрддзинад иузæрдионæй 678
амыдта æрыгон тæхджытæн. Уый æдыпггæт бацæттæ кодта 75 экипажы ног хæстон хæдтæхджытæн, æнæавари саразгæ. Йæ хъæппæрисон хæстон куысты тыххæй та Герсан дыккаг хатт хорзæхджын æрцыд «Сырх Тырысайы» орденæй. Хæсты фæстæ Хъотайты Г. 3. уыд паддзахадон команди- ровкæйы Болгари æмæ Чехословакийы, цæттæ сын кодта тæх- джытæ. Б&лгартæ Герсаны йæ иузæрдион куысты тыххæй схор- зæхджын кодтой орденæй, Чехтæ та — майданæй. Советон Æфсадæй Хъотайты Г. 3. æрыздæхт 1957 азы.
Мидодашвили Р. АУНЕУАГ ЛÆППУЙЫ СГУЫХТДЗИНАД Уый уыдис 1944 азы апрелы. Горæт Перигейы (Хуссар Фрамцы) уацайрæгты лагерæй алыгъдис 75 гуырдзиаджы æмæ францаг партизаптимæ баиу юты. Уымæй лагеры хицæут- тæ фæтарстысты æмæ иннæ уацайрæгты фæйнæрдæм, æндæр концлагертæм фервыстой. Уацайрæгтæй иу сæдæ адæймаджы бакодтой горæт Лако- кы скъолайы, фидар режим оын æрæвæрдтой. Кусынмæ~иу сæ куы æрвыстой, уæд-иу сын семæ арвыстой автоматтæй ифтонг фашистты. Уæддæр уыцы патриоттæй цалдæрæн бантыст сæ кæрæдзиимæ баныхас кæнын, уыцы зындонæй алвдзыныл бауьг наффæ кæнын. Уыдон уыдысты Илья Меликишвили, Шалва Мебаæъишвили, Георги Блиадзе, Рубен Базазашвили, Хъуы- лымбегты Михаил æмæ Георги Мосесов. Уыдон суоæг баст- дзинад сарæзтой, хъæдты цы францаг партизантæ уыд, уыдо- нимæ. Фæнд кодтой, хъуамæ ныппырх кодтаиккой лапары къулта^ æмæ ралыгъдаиккой. Фæлæ сæ хъуыддагæй ницы рауад. Чидæр хъахъхъæнджы- тæм фæхабар кодта æмæ сæ æрцахстой. — Партизантæм алидзынвæнд кодтат, нæ? Сырхыты амынц- мæ гæсгæ архайдтат, нæ? Чи уæ сæрра кодта? Чи у уæ хис- тæр? Хуыздæр уын уыдзæн, схъæр æй кæнут! — дзырдта сын лагеры хистæр. Фæлæ æхсæз патриоты, æхсæз æрдхорд æфсы- мæры сыбыртт дæр нæ кодтой, æрмæст сæ цæстыты сыгъдис знагмæ фыдæхдзинады зынг. Уырыссаг æвзаг чи зыдта, ахæм немыцаг тæлмацгæнæг 680
сын ныфс æвæрдта, сæ раздзоджы куы схъæр кæной, уæд сæ лагермæ арвитдзысты, зæгъгæ, куынæ йæ схъæр кæной, уæд та — æхст. ■—Ницы ’дзурут? Уæдæ æхст! Рæстæг дзæгъæлы цы са- фæм! — ныхъхъæр кодта лагеры хистæр æмæ фельдфебелæн йæ къухæй ацамыдта хъæды ’рдæм. Слæууын сæ кодтой кæрæдзийы фæдыл, сæ къухтæ фæс- тазмæ, афтæмæй сæ автоматджын салдæттæ ракодтой кæртæй. — Æгомыг фыстау хъуамæ коммæгæсæй цæуæм æргæв- дæнмæ? — багуым-гуым кодта Илья Меликишвили. — Æвæццæгæн нæ тæрсын кæнынц, ракъахынвæнд нæ кæн- дзысты, æндæра нæ марынмæ ,куы кæниккой, уæд нын нæ цæнг- тæ нæ бабæттиккой? — загъта сын Хъуылымбегты Михаил, ныфсытæ æвæрæгау... Уацайрæгтæн сæхи æвзагыл дзурыны бар нал лæвæрдтой. Горæт Лакокæй иу-дыууæ километры куы рауадысты, уæд рахизырдæм хъæды фæзылдысты æмæ сæ иу арф къахт дæр- гъæццон уæрмы цур æрлæууын кодтой. Иуварс лæууыдысты дыууæ сау беретджын францаджы, сæ къухты фыййæгтæ, аф- тæмæйя — Ныр дæр нæ зæгъдзыстут уæ раздзоджы? Мæнæ уæ уæ ингæны раз æрлæууын кодтам, — йæ къухæй уыцы уæрммæ ацамонгæйæ сын загъта лагеры хистæр.—Мах, немыцæгтæ, нæ дзырды хицау стæм. Зæгъут нын, чи уæ сæрра кодта? Уацайрæгтæ хъуыдыты аныгъуылдысты. Немыцаг лæг- марæн цы дзуапп хъуамæ радтой, ууыл мыййаг нæ хъуыды кодтой. Хъуыды кодтой, сæ мæлæты размæ ма фашисттæй сæ маст куыд райсой, ууыл. — Уæдæ ницы дзурут? Сæ къухтыл сын хъадамантæ ба- кæнут? — ныхъхъæр кодта лагеры хистæр. Æгъатыр æмæ лæгмар фашисттæ æппæты фыццаг сæхи ныццавгой Хъуылымбегты Михаил æмæ Георги Мососовыл. Сæ цæнгтыл сын хъадамантæ бакодтой, тарстысты, куы сын али- дзой, уымæй. Советон патриоттæ с,æ ныхмæ куы фæлæууыды* сты, сæ коммæ куынæ бакастысты, уæд сæм фыдгулта» авто- матты хъæдтæ аздæхтой. — Уæддæр дзы æнæмæлгæ нæй, нæ маст райсæм ацы куый- тæй! Уæ къухтыл хъадамантæ кæнын ма бауадзут! —ныхъхъæр кодта Георги Блиадзе, лагеры хистæр æмæ йæм ну æндæр фашист сæхи куы æрбаппæрстой, уæд. Лагеры хистæры къахæй фæцæф кодта, ипнæ фашистæн та тымбыл къухæй йæ къæбутæн иу ныуудæста. Цалынмæ уы- дон -сæхи æрæмбæрстой, уæдмæ Георги хъæды аныгъуылд. Фæстейæ йæ æхстой, фæлæ ма цафон. Фашисттыл фæуæлахиз Рубен Базазашвили дæр. Фельд- фебелы къухæй йæхи атыдта æмæ хъæдмæ алыгъд. Хъуылымбегты Михаил æмæ Георги Мосесовы фашист* тæ уæззау цæфтæ фæкодтой, сæ бон дзурын дæр нал уыд. Ша- 681
лва Мебагъишвшш æмæ Илья Меликишвилийы къухтыл дæр> хъадамантæ бакодтой. — Тугцъиртæ, лæгхортæ, фехсут нæ, цæмæ ма кæсут. Мах амардзыотут, фæлæ иæ хъуыддаг фæуæлахиз уыдзæн! — хъæр кодтой хъæбатыр патриоттæ. Лагеры хистæр æмæ <сæ фельдфебел æхсын райдыдтой авто- маттæй æмæ фæмардуæвæг партизантæ уæрмы ныккалдысты. Лагеры хистæр фæсидтис дыууын æфсæддон мотоциклист- мæ. Иумæ агурын райдыдтой алидзæг уацайрæгты, æнæхъæн æхсæв фæрахау-бахау кодтой, фæлæ сын дзы ницы рауад. Бирæ фыдæбæтты фæстæ алидзæг уацайрæгтæ бахаудтой францаг партизантæм. Фашпсттæ ацы уацайраг патриотты куы амардтой, уымæй æртæ мæйы фæстæ францаг партизантæ карз тохты фæстæ байстой горæт Лакок. Горæт ссæрибар кæныныл тохы, æндæр адæмты минæвæрттимæ иумæ, хайад райстой 14 гуырдзинаг партизаны дæр. Уыдон стыр патриотон инициативæ равдыстой. Баныхас кодтой горæты хистæримæ, цæмæй фашистты ныхмæ тохы фæмардуæвæг партизантæ Шалва Мебагъищвили, Геор- ги Мосесов, Илья Меликишвили æмæ Хъуылымбегты Михаил хаст æрцыдаиккой горæт Лакокы æфсымæрон «ингæнмæ. Мæрдты æфсымæрон ингæнмæ куы хастой, уыцы бон го- рæты æппæт цæрджытæн расидт æрцыдис фыдохы боныл. Би- рæ адæм ацыд хъæдмæ, хъæбатыр уацайрæгтæ мард кæм фес- тыэ уырдæм. Сæ разæй цыдысты, фашистон лæгмарты дзæмбы- тæй чи аирвæзт, уыцы партизантæ — Георпи Блиадзе æмæ Рубен Базазашвили. Цыппар æвзонг мард патриоты хаст æрцыдысты горæтмæ æмæ сæ кадимæ баныгæдтой æфсымæрон ингæны, сæ риуыл сын сæвæрдтой егъау дур, францаг уырыссаг æмæ йыл гуыр- дзиаг æвзæгтыл ныффыстой: «Ацы цырты бын æнцойад кæ- нынц Фраиц ссæрибар кæныныл тохы хъæбатырæй фæмардуæ- вæг советон æвзонг патриоттæ: Шалва Мебагъишвили, Илья Меликишвилй, Хъуылымбегты Михаил æмæ Георги Мосесов., Ма сæ ферох кæнут, кад сын кæнут»! Хъæбатыр патриоттæ куыд фæмард сты, уый тыххæй фыс- та Ал. Гуджабидзе йæ историон уацау «Патриотты мæлæт Лакокы». Уацауы автор фыста, зæгъгæ, Георги Блиадзе æмæ Рубен Базазашвили хæсты фæстæ æрыздæхтысты Гуырдзыстонмæ, сæ иу цæры Хашуры, иннæ — Тбилисы. Автор ма фыста, зæгъ- гæ. Шалва Мебагъишвили уыд Руисы хъæуккаг, Илья Мели- кишвили та Душеты районаг. Æрæджы æз уыдтæн Аунеуы хъæуы. Ныхас кодтон кол- хозонтимæ, Михаилы æввахс хæстæджытимæ. Уыдон мын ра- дзырдтой: , Михаилæн йæ фыды фыд Иосеб — Хъларсы хъæуæй (Цхин- валы район) рацæугæ уыд. Уый мидæгмоймæ бацыд Аунеуы •682
хъæуы Сиктурашвилитæм. Михаилы фыд Хъуылымбегты Уаси- лæн уыд æхоæз сывæллоны, уыдонæй схъомыл дыууæ: Михаил æмæ Мария. 1939 азы’Михаиль* акодтой Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уый уыд хъаруджын, хæдæфсарм æмæ æмгаруарзаг. Æфсадмæ куы цыд, уæд хæдзары ныууагъта йæ мад æмæ йæ фыды, йæ иунæг хо Марияйы æмæ йе ’мкъай Етеры. 1941 азы июлæй фæстæмæ Михаил йæ бинонтæм фыстæ- джытæ нал æрвыста. Сæ иунæг фыртмæ бирæ фенхъæлмæ кас- тысты мад æмæ фыд — Уасил æмæ ^Матикъо, афтæмæй амар- дысты.
Сабанадзе Васо ЦАРДЫ ÆМДЗУГÆНÆГ Залы адæмæй къух батъыссæн пал уыд. Цытджын прези- диумы бадтысты орден-медалтæй риувæлындзыд профессортæ. академиктæ. — Æмбæлттæ, абон мах нысан кæнæм стыр цау — 20 азы сæххæст Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæудыл. Мах ардæм æр- бахуыдтам, нæ институты хъомыладон куыст чи кæны, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уыцы ветеранты, — загъта йæ разныха- сы Гуырдзыстоны политехникон институты ректор, орофессор Иосиф Буачидзе æмæ йæ цæст ахаста, цытджын президиумы чи бадтис, уыдоныл. Залыбадджытæн дæр сæ каст уыдонми’ уыд æмæ сæм дис каст, президиумы иу сылгоймаджы йедтæмæ кæй нæ уыд, уый. — Нæхи Людмилæ... — Людмилæ Эрасты чызг... Уый та цæмæн ис президиумы, хæсты ветераиты ’хсæн?— кæрæдзп ныллæг хъæлæсæй фарстой студенттæ. Æмæ, æцæгдæр, уæдмæ бирæтæ нæ зыдтой, институты уы- рыссаг æвзаджы ахуыргæнæг Цхуырбаты Людмилæ хæсты рæ- стæджы фашизмы скуыиæг кæныны тыххæй Берлииы онг кæй ныххæццæ, уый. Оратортæ кæрæдзи ивтой, дзырдтой, цы туджы лæсæнтæ федтой, ууыл. Людмилæйæн дæр йæ цæстытыл уад хæсты за- ман, фæлæ æппындæр нæ хъуыды кодта ныхасы рацæуыныл. > — Иу-дыууæ ныхасы нын ды дæр зæгъ, Людмилæ, — зæ^ъ- гæ, йæм куы бахатыдысты, уæд фыццаг фергъуыйау, стæй 684
,-еппæт йæ гыхтæ ’рбамбырд кодта æмæ дзу.рын райдыдта хæс- ты зындзинæдтыл: — Мах федтам æмæ зонæм, хæст цы у, уый. Ныр дунейы алы адæймаг дæ,р хъуамæ тох кæна, дæмæй хæст мауал уа, цæмæй туджы зæй ногæй мауал рацæуа, ууыл. — Ацы дзырд- тЫл фæци йæ иьихас Цхуырбиан. Залыбадджыты æмдзæгъд, арвы иæрдау, айхъуыст. Людмилæ фæстæмæ йæ бынаты æр- бадт æмæ та ногæй йæ цæстытыл ауадысты ссæдз — аст æмæ ссæдз азы размæйы нывтæ: ...Астæуккаг скъола каст фæцис. Бацыд Тбилисы паддза- хадон университетмæ. Университеты фæстæ кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты. Лекцитæ каст йе ’мцахъхъæнтæн, йæхиуыл дæр æмæ йе студенттыл дæр цыд иу æмæ ссæдзгай азтæ. Кæрæдзийæ хицæн кодтой æрмæст уымæй, æмæ Людмллæ фылдæр зыдта, уый ахуыргæнæг уыд æмæ иннæтæ та ахуыргæнинæгтæ. Студенттæ йæ уарзтой æмæ йæм кæддæриддæр хъуыстой къæрцхъусæй... ...Цы рæстæг уыд, цы! — хъуыды кодта йæхимидæг Люд- милæ. Фæлæ уалынмæ фæдисы хъæр айхъуыст, немыцаг фашист- тæ æрбабырстой нæ бæстæм. Хæстхъом чидæриддæр уыд, уы: дон иууылдæр ацыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ. Уый аудиторитыл дæр фæзынд. Лæппутæй раафтид сты. Людмилæ дæр бархийæ сфæнд кодта хæсты быдырмæ ацæуын. — Фашизм туджы зæй рауагъта, курæг уæ дæн, цæмæй мæ арвитат фронтмæ, сылгоймаг дæн, фæлæ мæ бон у лæгмар- гы ныхмæ тох кæнын, — дзырдта æфеæддон къамисарæн. — Людмйлæ, алкæмæн ацæуæн нæй. Дæ сæр нæ тынг хъæ- уы ам дæр, фæсивæды хъомыл кæнын хъæуы. — Уый æмбарын, фæлæ ныртæккæ ахсджиагдæр у фашиз- ?»ты ныцъцъист кæнын æмæ уæ .курын, дæмæй мæ ауадзат. — Нæй, нæй уый гæнæн! — дзырдтой йын къамисариаты, Фæлæ сæ куынæуал уагъта, уæд æй бахастой, фронтмæ цы сыл- гаймæгтæ цыд, уыдоны номхыгъдмæ æмæ (йын загътой, йæхи цы бонмæ хъуамæ бацæттæ кодтаид, уый дæр. 1942 аз, 12 апрель. Æфсæддон къамисариаты раз æрæм- бырд бирæ адæм. Кæсынц номхыгъд, фæлæ уым Людмилæйы ном æмæ мыггаг нæ разындысты, загътой йын, нæ, дам, сразы сты хистæртæ, дæуæн, дам, фронтмæ ацæуæн нæй. Фæла* Цхуырбиан уæддæр йæхион бакодта. Омельченко Валя, Дзуга- ты Тамарæ, Галуанты Катя æмæ æндæртимæ сбадт поезды æмæ ацыд фронтмæ. Цалдæр боны фæстæ ныххæццæ сты Казахстанмæ. Райстой æфсæддон фæлтæрæнтæ æмæ сæ арвыстой фронты раззаг хах- мæ, Смоленскмæ. — Уым бамбæрстон, æцæгæй хæст цы у, уый, — фæзæ- гъы Людмилæ. Цхуырбиан бахауд, ногæй цы 1883-æм зенитон- арвдллерион полк сарæзтой, уый скондмæ. Уæд Людмилæ уыд 685
партийы уæнгтæм кандидат æмæ цæмæй партийы уæнг суъгда- ид, уый тыххæй йæхи хъуамæ равдыстаид раззагоыæй, хъæба- тырæй æмæ йын уый æнтысгæ дæр кодта. Хæстон хæстæ цæс- гомджынæй кæй æххæст кодта ’æмæ йæм организаторон курди- ат кæй уыд, уый тыххæй йæ сæвзæрстой полчы фæскомцæди- сон организацийы секретарæй. 1943 азы ссис партийы уæнг. Фæстæдæр Людмилæ бахауд æидæр фронтмæ, æндæр æф- сæддон хаймæ — 39 зенитон-артиллерион дивиэимæ. (Уым Цхуырбиан райста хистæр лейтенанты ном). Уыцы дивизи хъæбатырæй бырста размæ: Витебск, Псков, уый фæстæ Хур- скæсæн Прусси, Берлин æмæ фæстагмæ уæлахизы бон. Цхуырбаты Людмилæ дæр бахаста йæ тохы хай фашист- ты ахстон ныппырх кæныны хъуыддагмæ æмæ уæлахизы боны сæрыстырæй лæууыд ’æнустæм фæйлаугæ тырысайы бын. Хъæбатыр, паддзахадон хорзæхтæй риувæлыст хæстон сыл’ гоймагыл демобилизацийы фæстæ стыр цинимæ сæмбæлд йæ мад, йæ райгуырæн горæт. Уый уыд 1945 азы августы. Ныртæккæ филологон зонæдты кандидат Цхуырбаты Эра- сты чызг Людмилæ кусы Гуырдзыстоны политехникон инсти- туты, æххæст кæны доценты хæстæ. Йæ зонадон куыстытæ арæх вæййынц мыхуыр журналты æмæ газетты. Зонадон ку- сæг, хæстон ирон сылгоймаг кæны æхсæнадон куыст дæр, акти- вон хайад исы советон адæмы царды.
Асаты Реуаз СОВЕТОН ЦÆДИСЫ СГУЫХТ ТÆХÆГ 1966 азы 16-æм августы ССР Цæдисы Сæйраг Советы Пре- зидиумы Указмæ гæсгæ зынгæ ирон тæхæг Цхуырбаты Харито- нæн лæвæрд æрцыд «ССР Цæдисы сгуыхт пилоты» кадджын ном. Ахæм ном райсын, æвæццæгæн, алы тæхæджы къухты не ’фты. Уый у, кæд афтæ зæгъæн ис, уæд мæнæ Советон Цæдисы адæмон артисты ном райсæгау. Æмæ йæ ирон адæмы фырттæй фыццаг хатт райста йæ хæстон сгуыхтдзинæдты æмæ фæсхæст- йæ диосаджы тæхыны дæсныйад æмæ фæлтæрддзинады тых- хæй Цхуырбайы фырт. Цхуырбаты Харитонæн, йæхиау, хуымæтæг у йæ биогоафи дæр. Уый райгуырдис Цхинвалы кусæг л^æджы бинонты ’хсæн Октябры революцийы фæстæ, 1920 азы. Каст фæцис ирон фæл- лойадон авдазон скъола (ныртæккæ дæр уыцы бæстыхай ис Леуахийы зæроад хиды фаллаг фарс æмæ дзы ис астазон скъола). Уым ахуыр кодтон мæхæдæг дæр æмæ хорз хъуыды кæнын Харитоны. Уый уыдис æнæниз, физикон æгъдауæй ф<и- дар, саулагъз лæппу. Скъолайы футболон командæйы (фæстæ- дæр та горæты æмбырдгонды) хъазыдис хъахъхъæнæгæй. Код- та цырд, ныфсджын, дæсны хъазт. Уый фæстæ Харитон каст фæцис педахуыргæнæндон. Куыс- та фæскомцæдисы Хуссар Ирыстоны обкомы инструкторæй. Нæ горæты тæхджыты скъола дæр каст фæцис æнтысгæйæ æв- зонг фæскомцæдисон. Фæстæдæр дзы куыста тæхæг-инструкто- рæй æмæ нæ областы фæсивæдæй бацæттæ кодта бирæ фæл- тæрд хæдтæхæпскъæрджытæ. 687
Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Йæ райгуырæн бæс- тæ хъахъхъæнынмæ æцыдис Харитоны фыд Цхуырбаты Никъа- ла дæр, фæлæ фæсгæмæ нал æрыздæхт. йæ фондз сывæллоны баззадысты йæ зæронд фыд Майоры æмæ зæнæджы хистæр Харитоны æвджид. Фæлæ т.агъд хæотон тæхджыты рæнхъыты балæууыд Цхин- валы аэроклубы йнструктор Цхуырбаты Харитон дæр. Аца- хуыр кодта Тбилисы, Бакуйы æмæ уырдыгæй ацыдис хæстмæ. Уый æххæст коята тæссаг æмæ бæрнон хæс — йæ уæззау транс- портон хæдтæхæгыл знаджы фæсчъылдымæй . фронты хаххы сæрты ласта нæ советон цæф хæстонты. Уыцы куыет кодта хæсты райдианæй суанг Уæлахизы бонмæ. Æмæ йæ æххæст кодта стыр лæджыгъæдджын æмæ æхсарджынæй. Уымæн нын хуыздæр æвдисæн юты йæ бирæ хæстон хорзæхтæ æмæ коман- дæкæнынады арфæйы (гæххæттытæ. Хæсты фæстæ тохвæлтæрд авиатор службæ кæнын райдыд- та Æмбæстагон уæлдæфон флоты æмæ тагъд йæ хорзы кой ай- хъуыст дардыл. Уый бæлццæттæ ласта нæ бæстæйы алы къуымтæм, стæй бирæ . фæсарæйнаг бæстæтæм дæр. Харитон осис Советон Цæдисы Æмбæстагон уæлдæфон флоты кораблты хуыздæр командиртæй сæ иу. Уый йæ экипажимæ ног уæлдæ- фон фæндæгтæ бакодта фæсарæйнаг бæстæтæм. Ирон хъæба- тыр лæппуйы тыххæй Советон Цæдиюы Хъайтар Павел Михаи- лов йæ очерк «Фæсокеанмæ иу агæлп», зæгъгæ, уым («Литера- турная газета», 1962 азы 26 июль) фыста: — «ТУ-114 æрзылдис æмбисдунейыл. Ныр та йæ хъуыд атæхын иууыл вазыгджындæр рейсы. Советон уæлдæфон лай- нер хъуамæ «реактивон» фæндаг айгæрстакд Мæскуыйæ Га- ванæмæ 16.000 километры дæрддзæгæн. Революцион Кубæйы ’столицæмæ атахт уыд серьезон фæлварæн: тæхын сæ бахъуыд æбæрæг маршрутыл экваторы фæрсты, Атлантикон океаеы сæрты. Очеркы дарддæр фыстæуы, зæгъгæ, «корабль радгай скъæрдтой тæхджытæ Цхуырбаты Харитон, Сергей Метелкин, Сергей Терехов. Ныртæккæ штурвалы цур ’сбадтысты Цхуырба- ты X. æмæ С. Метелкин... Хъомысджын уæлдæфон улæнтæ фæлварынц машинæ фенкъусыныл. Фæлæ хæдтæхæг уыцы ри- уыгъдтытæй хæрз чысылты йедтæмæ нæ базмæлы—-штурвал ис арæхстджын æмæ фæлтæрд тæхджыты къухты... Райсæм, цæвиттон, Цхуырбаты Никъалайы фырт Хари- тоны. Дыууын азæй фылдæр »скъæры уæззау транспортон хæд- тæхджытæ. Фæтахтис æртьшдæс мин сахаты. Уыцы рæстæг ки- лометртæм куы ракæнæм, уæд рауайдзæн афтæ, цыма уый эк- ваторыл 100 хатты æрзылдию зæххы тымбылæджы алыварс. Уымæн та хъæуы æвзыгъддзинад, цæттæдзинад, æцæг дæсны- йад». Иу бон æмæ æхсæв Конакрийы баулæфыдысты. Æнæхъæн бон цæттæ кодтой океаны сæрты атæхынмæ. Уыцы рæстæджы 688
дæргъы Конакрийы бирæ цæрджытæ бацыдысты хæдтæхæг уынынмæ. Уырдæм вертолетыл æртахт Гвинеяйы Республикæ- йы президент Секу Туре дæр. «Райсом æхсæвыцъæхæй нæ мащинæ сленк кодта уæл- дæфмæ, — фыосы дарддæр йæ очеркы П. Михайлов. — Океан æмбæрзт у бæзджын мигътæй. Хæдтæхæг скъæрынц Цхуырба- 1Ы X, æмæ С. Метелккн. Уыдон сты, цыфæнды боныгъæдма) æнæкæсгæйæ, тæхыны дæснытæ.., Конакри — Гаванæйы рейсы зкипажæн ныфсджынæй схонæн ис «фыццаг фæндаггæрдджы- тæ». Хæдтæхæг уынынмæ æрбацыд Кубæйы адæмы фæтæг Фи- дель Кастро. Уый фарста, «ТУ-114» тагъдад, æмæ æнæрбадгæ- йæ цас дæрддзæгмæ тæхы, уый. Кастро тæхджыты чиныджы йæ къухфыст æрывæрдта, хæдтæхæг кæй федта, уый охыл. — 18-æм июлы корабль рараст фæстæмæ. йæ фæндаг скод- та Хурыскæоæны ’рдæм. Уый та алыхатт дæр нысан кодта — хæслæвæрд æххæстæрцыд æмæ тæхæм нæхимæ,— йæ очеркы кæрон фыссы Советон Цæдисы Хъайтар Павел Михайлов. 1963 азы райдиаиы газет «Правда» æмæ уый хæдразмæ та æппæт советон мыхуыр фехъусын кодтой Цхуырбаты Хари- тоны 1Ног сгуыхтдзинад. Уæлдæфон корабль «ТУ-114» экипаж нæ бæстæйы иууыл фæлтæрддæр тæхджытæй сæ иу — Цхуыр- <5аты Харитоны разамындæй, æнæрбадгæйæ, фæтахт 11.000 км бæрц 14 сахаты дæргъы, цыппар денджызы æмæ Атлантикон , океаны сæрты ахизгæйæ. Газет «Советская Россия» йæ уацы «49 параллелы сæрты», зæгъпæ, ныммыхуыр кодта Цхуырбаты Харитоны ахæм ныхас: — Хосе Мартийы номыл Гаванæйы аэропортæй куы стах- тыстæм, уæд æвиппайды нæ фæндаг скодтам Цæгаты ’рдæм. Та!гъд ахызтыстæм Флоридæйы .æрдæгсакъадахы сæрты. Ат- лантикон океанæй Америкæйы сур зæхмæ 500—600 километры дæрддзæгæн маршрут нын зындгонд уыд — цалдæр боны размæ уыцы фæндагыл тахтыстæм Советон Цæдисæй Гаванæмæ. Тагъд нæ галиу фарс аззадис канадæйаг сакъадах Ньюфаунд- ленд, стæй дыууæ сахаты фæстæ та — Гренландийы хуссар донбылгæрон хай. Уый фæстæ ;нæ «ТУ-114» бацыдис Гренлан- ди æмæ Исландийы ’хсæнты, Скандинавийы æрдæгсакъадахыл æрзилгæйæ, фездæхт Хуосары ’рдæм. Ардыгæй Мæскуымæ ныр уыдис хæрз æввахс — иу агæппваг. Дунейон нейтралон дæтты сæрмæ !нæ маршрут алыг кодта 49 лараллелы — Гаванæйы цур 23-æм параллелæй Арктикæ- йы 72-æм параллелы онг. Рейс æххæст æрцыд æнтысгæйæ, развæлгъау снысангонд графикмæ гæсгæ дырысæй. Хæдтæхæ- джы материалон хай куыста рæвдз. Ирон бæгъатыр тæхæг æмæ йæ командæйы бын уæвæг æм- бæлтты ацы ног сгуыхтдзинад мæскуыйаг газет «Труд» æрæ- вæрдта стыр советон хæдтæхæгскъæрæг Валерий Чкаловы æяæамæлгæ сгуыхтдзинады фарсм-æ. Æмæ, бæгуыдæр! Дуне- 44* 689
йон авиацийы истори ныры онг нæма зыдта йæ дæрддзæгмæ- æмæ йæ тагъдадмæ гæсгæ, æнæрбадгæйæ, акæм дард æмав- тагъд атахт. 1963 азы нæ Райгуырæн бæстæ йе ’мбæстагон уæлдæфон флоты номдзыд тæхджыты куы -схорзæхджын кодта, уæд æч- донбазырджын ирон бæгъатыр Цхуырбаты Харитоны риуыл басагъта хицауады иууыл уæлдæр хорзæх — Ленины орден. Уый ма хорзæхджын у «Сырх Стъалыйы», «Фыдыбæстæйон» Хæсты 1-аг æмæ И-аг къæпхæны, «Фæллойады Сырх Тырыса- йы», «Кады нысаны» ордентæ æмæ бирæ медалтæй, уыцы ны-- мæцы фæсарæйнаг бæстæты хорзæхтæй дæр. Ахæм сгуыхтдзинад æмæ бирæазон æнæзæрдæхудт куысты тыххæй Цхуырбаты Никъалайы фырт Харитоныл се ууæнк бафтыдтой нæ Райгуырæн бæстæйы столицæйы цæрджытæ — æмхъæлæсæй йæ сæвзæрстой фæллойгæнджыты депутатты Мæскуыйы горæтон Советы депутатæй. Æмæ уый цæсгомджы-- нæй æххæст кæны адæмон лæггадгæнæджы ацы ахсджиаг куыст дæр!
Цхуырбаты Иван ЦЪОРБИСАГ ПУЛЕМЕТЧИК Гвардийы майор Цхуырбаты Кизойы фырт Владимир рай- гуырд 1914 азы 28 декабры Знауыры районы Цъорбисы хъæуы. 1937 азы Владимир каст ф<æцис Сталиниры педагогон тех- никум, куыста Ленингоры районы ахуыргæнæгæй, стæй та пар- тийы Ленингоры райкомы инструкторæй. , 1939 азы Цхуырбайы фыртмæ æрсидтысты Советон Æф- сады рæнхъытæм. Стыр Фыдыбæстæйон хæст Цхуырбайы фыр- ты æрæййæфта горæт Львовы цур æфсæддон лагеры. Хæсты фыццаг бон Цхуырбайы фырт цы полчы службæ кодта, уый афæлвæрдта советон арæнмæ абырсын, фæлæ уайтагъд сæм- бæлд знаджы стыр тыхтыл æмæ сын бацайдагъ тугкалæн тох„ Владимир фыццаг бон /æрбамардта иу фашисты. 1942 азы Владимир цы дивизийы службæ кодта, уый горæт Кортоякы цур тохы кæй фесгуыхт, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд гвардионы ;ном. Кортоякы ссæрибары сæрыл карз тохы Цхуырбайы фырт хорзæхджын æрцыд «Хæстон сгуыхтдзина- ды» майданæй. 1943 азы Великие Лукийы цур Советон Æфсад æрхъула кодта знæгты къордыл, гитлеронтæ фидар ныккæнды бабыры- дысты æмæ сæхи нæ лæвæрдтой. Уæд полчы командиры бар- дзырдмæ гæсгæ авд нæмыгзгъалæны баурæд æрцыдысты фа- шиотты алыварс. Фондз боны^ æмæ фондз ,æхсæвы Владимир æмæ йе ’мбæлттæ æнæрынцойæ æхстой фидарыбадæг знаджы салдæтты. Цхуырбайы фырт йæхи къухæй знæгтæй фынддæсы 691
зындонмæ барвыста. Гитлеронтæ сæхи уацары радтой. Влади- мир æмæ йе ’мбæлттæ аййæфтой сæ полк æмæ активон хайад игстой Советон Æфсады размæбырсæн тохты Белорус, Поль- шæ, Чехословаки æмæ Германы зæххыл. Уыцы дард хæстон фæндагыл иу хъæды къохы Владимир йæ нæмыгзгъалæны къæхтæ зæххы фидар æрсагъта, акодта сыл ног диск æмæ та гитлеронты æхсын райдыдта. Уыцы тох æгæр адаргъ ис æмæ махонты бахъуыд знæгтæй «æвзаг» æр- бакæнын. Ацы ахсджиаг хæс æххæст кæнынмæ æрвыст æрцыд Цхуырбайы фырт авд хæстонимæ. Уыдон знæгты агурыны сæр бирæ нæ бахъуыдис, сау æндæрджытау сæ разы февзæрдис 9 гитлероны. Цæсгыфæныкъуылдмæ фараст фашисты, сæ туджы м.æцгæйæ, сæ гæндзæхтæ цагътой советон хæстонты раз, æртæ дзы фервæзтис æмæ сæ Владимир йе ’мбæлттимæ æрбахастой бастæй. Уацайрæгтæ фехъусын кодтой хорз зонæнтæ знаджы хæстон уавæры тыххæй. Уый фæстæ Цхуырбайы фырт каст фæцис æфсæддон ахуыр- гæнæндоны политикон курсытæ лейтенанты чинимæ, кусын райдыдта 95 æхсæг корпусы инструкторæй. Цхуырбайы фырт уæддæр æппынæдзух уыд фронты раззаг хаххыл, кодта стыр политикон куыст хæстонты ’хсæн. Советон æфсæдтæ горæт Тосты сæхи цæттæ кодтой Опелы районы знæгты къорды ныхмæ. Уыцы хъæбатыр размæ абырс- ты дæр та Цхуырбайы фырт йæхи равдыста хъаруджын афи- церæй. Уый ма хайад иста Прагæйы ссæрибар кæныны, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд медалæй. Цхуырбаты Владимир йæ хъæбатыр тох æмæ иузæрдиои службæйы сæраппонд райста 9 хæстон хорзæхы. Уæлахизы боны фæстæ Цхуырбаты Владимир Советон Æф- сады рæнхъыты иузæрдианæй службæ кодта Венгри, Герман æмæ æндæр бæстæты. 1955 азы Цхуырбаты Владимир Советон Æфсады рæнхъы- тæй æрыздæхтис Цхинвалмæ.
Пухаты Илья ПАРТИЗАНЫ ФЫРТ Хуссар Ирыстаны мидхæст йæ тæмæны куы бацыд, уæд Дзауы районы Мхслебы хъæуы райгуырд Цхуырбаты Митъуш мæгуыр_ зæхкусæджы хæдзары. Митъушы фыд Никифор служ- бæ кодта Хуссар Ирыстоны фыццаг партизанон бригадæйы æмæ йæ бинонтæ иудадзыг уыдысты меньшевикты æфсады та- сы бын. 1920 азы /июны фыдбонты Митъушы йæ мад Оличкæ æд- авдæн сæргъом кодта æмæ лигъдæтты къордимæ араст Зикъа- райы хохырдæм. Афтæмæй хæсты хъизæмæрттæ бавзæрста Митъуш æнахъомæй. Фæлæ аивгъуыдтой уыцы фыдбонтæ. 1929 азы Цхуырба- ты Митъуш бацыдис Дзауы астæуккаг скъоламæ æмæ йæ каст фæци 1939 азы. Уыцы аз бацыд Хуосар Ирыстоны педагогон институты физико-математикон факультетмæ. Фæлæ йæм æр- сидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм, къамисы рацыд æмæ ма йын чысыл улæфт радтой. Уыцы рæстæджы ахуыргæнæгæй акуыста Дыууæдонастæуы райдиан скъолайы. 1940 азы Цхуырбаты Митъуш ацыд Сырх Æфсады рæн- хъытæм, службæ кодта Прибалтикæйы æфсæддон окруджы, уыдис цæвиттойнаг хæстон, ссис снайпер, 1940 азы активон ха- йад райста эстойнаг капиталистты бандæты ныхмæ тохты. 1941 азы 22 июны Цхуырбайы фырты полкыл горæт Тар- тумæ хæстæг фашистон хæдтæхджытæ бомбæтæ æркалдтой. Фæстæдæр полкыл æрхъула кодта знаджы десант. Фæлæ хъæ- 693
батыр хæстонтæ джебогътæй фашистты æхсæ!нты Ленинграды ’рдæм гæрдын байдыдтой фæндаг. Цалдæр боны мæлæтдзаг тох фæкодтой, сæ фæндаг фæстийæ æмвæтæнæй æмбæрзт уыд мæрдтæ æмæ тугæй, фæлæ уæддæр фашисттæ нæ баурæдтой хъæбатыр сырхæфоæддонты. Æнæхъæн полкæй фашистты æр- хъулайæ аирвæзт 50 хæстоны бæрц. Уыдонимæ уыд хистæр сержант Цхуырбаты Митъуш дæр. Уьий, æртæ мæйы æрхъула- йы уæвгæйæ, йæ пулеметæй фашисттыл æнæвгъау нæмыг згъæлста. Цхуырбаты Митъуш цы полчы елужбæ кодта, уым ма Дзауы К01МЫ лæппутæй уыд цыппар. Уыдон се ’ппæт дæр фыццаг æрхъулайы хъæбатырæй мард фесты. Уыдон тых- хæй Митъуш йæ иу фыстæджы йæ фыдмæ фыста: «Æндæр ницæмæ бæллын,' фæлæ мын мæ хæстон æмгæртты туг райсын куы банты-сид!» 1941 азы 13 сентябры .Ленинграды цур дже- богъон тохы хæдразмæ Митъушы взводы командир фæмард æмæ Цхуырбайы фырт йæ пулемет фæуагъта, йæ иу къухы пистолет, иннæйы гранат, афтæмæй фæлæпп кодта æмæ йæ хъæлæсыдзаг «ыхъхъæр кодта: «Взвод, хъус мæ командæмæ! Размæ, джебогъон тохмæ! Ура!!!» Хæстонтæ знаджы фæстæмæ. аппæрстой, фæлæ хъæбатыр иронæм уый уыд йæ фæстаг тох: цыппар уæззау цæфы фæцие, йæ хæстон æмбæлттæ йæ æрдæг- мардæй æрластой Ленинграды 80-æм эвакгоспиталмæ. Ленин- грады профессортæ ма фæцархайдтой хъæбатыр ирон хæстоиы мæлæты дзæмбытæй байсыныл, фæлæ сын нæ бантыст. 1942 азы 22 марты ленинградæгтæ стыр цытимæ Пискаре- вы музейы кæрты № 50 ингæны бавæрдтой 72 хъæбатыр хæсто- ньт. Уыдонæй сæ иу уыд Цхуырбаты М. Сæ амæлæты фæстæ сæ схорзæхджын кодтой «Ленинград хъахъхъæныны тыххæй» ’медалтæй. Ацы ингæны раз ленинградæгтæ сарæзтой хъын- цъымгæнæг мады цырт. Уым 9-æм майы вæййы æфсæддон са- лют.
Асаты Реуаз «СЫРХ ТЫРЫСАЙЬЬ ÆРТÆ ОРДЕНЫ КАВАЛЕР 1937 азы нæ областы центры баконд æрцыд аэроклуб. Уый нæ уæлдæфон тыхтæн цæттæ кодта тæхджытæ. Уыдис дзы курсантты фондз рауагъды. Аэроклуб фæкуыста 1941 азы «онг, ома Стыр Фыдыбæстæйон хæсты онг. Аэроклубы хистæр уыд тæхæг Цхуырбаты Никъалайы фырт Серги. йæ командир- тæ æмæ инструктортæ уыдысты бынæттон кадртæ — ирон лæп- путæ. Инструкторæй дзы куыстой Цоциты Оимоны фырт Уа- сил, Кобылты Константины фырт Серги, Козаты Уасилы фырт Шаликъо, Цхуырбаты Никъалайы фырт Харитон, Габо- ты Александр, æмæ ма афтæ æмбæлттæ Чикин, Боженко, Ме- ленчук, Гудерман æмæ æндæртæ. Отряды командир та уыд Хъыбызты Хъазбег. Ирон адæмы хъæбатыр фырт Цхуырбаты Никъалайы ФыртСерги райгуырдис 1912 азы Дзауы районы Мхслебы хъæ- уы. Райдиан ахуыр райста Дзауы. 1922—1926 азты уыдис фыййау. Стæй та дарддæр кодта йæ ахуыр. Тæхджыты скъола каст куы фæцис, уæд æвзонг тæхæг Цхуырбайы фырты арвыстой æмбæстагон уæлдæфон флотмæ. Уый тахтио Мæскуы — Ташкенты иууыл даргъдæр æмæ бæлц- цæттæласæн зындæр хаххыл, стæй — Сочийы хаххыл, Гурьев — Астраханы здæхты æмæ фæстаг хатт та — Бакуйы хаххыл. Уый хайад иста, Каспы денджызы æрфæнмæ ихтæ кæй ахас- той, уыцы кæсагахсджыты фервæзььн кæньгны. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Цхуырбайы фырт .ацыдис Сырх Æфсады тæхджыты рæнхъытæм. Хæсты 695
азты дæргъы уый йæ уæлдæфон кораблæй фашисттыл æппæрс- та бирæ мæлæтхæссæг бомбæтæ. Уый хорз зыдта, зæгъгæ, цас фашистон цъаммæрттæй фылдæр фæцæгъдон, уымæй советон адæймæгтæй фылдæры фервæзын кæндзынæн мæлæтæй. Знаг Кавказы хохрæбынтæм куы лæбурдта, уыцы æвир- хъау уæззау бонты Цхуырбаты Серги æхаæвæй-бонæй бомбæ- тæ згъæлста знаджы абырджытыл, дæрæн сын кодта сæ хид- тæ, пырх сын кодта сæ аэродромтæ æмæ сæ хæстон теяникæ. Цхуырбаты Серги уыдис æхсæвыгон бомбæзгъалæг авиа- цийы хуыздæр тæхджытæй сæ иу. Уый йæ фыццаг хорзæх — «Сырх Стъалыйы» орден райста Кавказы хохрæбын уæлдæфон тохты. Уæд куысга авиацион цæджы командирæй. Хорзæх- джын æриыдысты йæ цæджы æппæт тæхджытæ дæр. Цхуырбаты Серги цы цыппар хæстон орде>ны райста, уы- дон тыххæй лæмбынæг фыст ис «Хуссар Ирыстон Стыр Фы- дыбæетæйон хæсты рæстæджы (1941—1945 азты)», зæгъгæ, уыцы чиныджы. 1942 азы 21 августы «Сырх Стъалыйы» орде- нæй схорзæхджын кæныны сыфы дзырдæуы, зæгъгæ, цæрæн быиæттæ æмæ цæугæдæтты а^хизæнты знаджы мото-механша- цион æфсæдты удæгас тыхтæ скуыяæг кæныиы фæдыл хæстон хæслæвæрдтæ æххæст кæнгæйæ, Цхуырбайы фырт цы авиаци- он цæгыл командæ кодта, уый иу мæйы дæргъы акодта 140 хæстон атахты æмæ скуынæг кодта: знаджы автомашинæтæ æд хæетонтæ æмæ уæзтимæ—11, бæхуæрдæттæ уæзтимæ — 5, цæугæдон Теркыл ахизæнтæ — 4, салдæттæ æмæ афицертæ — 30. Лейтенант Цхуырбайы фырт арæхсы йæ цæгыл командæ кæнын .æмæ йæ раст ифтонг казны командæкæнынады хæстон хæслæвæрдтæ æнтысгæйæ сæххæст кæнынмæ. Цхуырбаты Серги сæрмагондæй йæхæдæг тæхы ахæм хæд- тæхджытыл: У-2, К-5, ПС-9, Сталь-3, УМ-2, Р-5. Æдæппæт фæтахтис 3363 еахаты. 1942 азы 23 августæй 23 сентябрмаз æ,рæппæрста 14434 кг уæзæн бомбæтæ æмæ иунæгæй скуынæг кодта знаджы дыууæ автомашинæйы æд æфсæдтæ æмæ уæзтæ, стæй ма Теркыл иу ахизæл. Уыцы бомбæты фæцæфтæй сырæзт дыууæ стыр зынгсирвæзты. 1942 азы 28 августы æхеæвы хъæбатыр тæхæг Мæздæджы цæгат кæрон бомбæтæ /ркалдта немыцæгты автомашинæтыл æмæ дзы иу æыгъдис. Æндæр ’авиацион цæджы комаедир Бо- чаровæн йæ тæхджытæ куыд рахабар кодтой, афтæмæй Серги хутор Сухотскийы ноджыдæр скуьшæг кодта иу автомашинæ. Уыцы азы сентябры фæззыгон æхсæв Терчы ахизæныл рæстдзæ- винæй комкоммæ бомбæтæ куы рызгъæлста, уæд зынджы пшг- ’лон ныггуыпп кодта æмæ йæ рухсмæ Цхуырбайы фырт æхсьш райдыцта знаджы æфсæддбн къорды. Цхуырбаты Никъалайы фьгрт Серги хæсты быдыры ссис эскадрилийы командиры хæдивæг. йæ хъæбатырдзинад æмæ хъайтардзинады тыххæй ма хорзæхдкын æрцыд «Сырх Тыры- 696
сайы» æртæ орденæй. Фыццаг хорзæхмæ æвдисыны рæстæджы ирон хъæбатыр тæхæджы тыххæй фыстæуыд: «1943 азы 5-æм августæй 20-æм сентябрмæ Централон фроиты акодта 35 æнтысгæ сгарæн хæстон атахты. Тынг хорз цæттæ тæхæг уæвгæйæ, уый тæхы цыфæнды боныгъæды æмæ уымæй дæр æхсæвыгон. Фæстæмæлæууæг ныхмæлæууæджы колоннæйыл, 400-йы бæрц автомашинæтæ æмæ 98 артиллерион хæцæнгарзыл бомбæтæ æркалдта Знобь — Новгородская — Жиховы’ районы. Йæ экипаж алыхатт дæр æххæст кæиы иттæг вазыгджын хæслæвæрдтæ. Цхуырбайы фырт йæхæдæг Десна, Снов æмæ Днепры цæугæдæттыл фараст хатты систа знаджы хъахъхъæнынады раззаг хаххы нывтæ. Немыцæгты территори- йыл ма уыцы рæстæджы систа 4580 квадратон километры фæ- зуаты нывтæ. Раргом кодта знаджы 5900 хæстон объекты. «Сырх Тырысайы» фыццаг сæрзæх райсынмæ ацы хæсто-н сы- фыл йæ къух æрæвæрдта авиацийы инæлар-майор (ныртæккæ авиацийы маршал) Руденко. Цхуырбаты Серги 1943 азы ссис хистæр лейтенант, 1944 азы — капитан. Бонæй-бонмæ хуыздæр æмæ хъæздыгдæр кодта йæ хæстон дæсныйад æмæ аивад. «Сырх Тырысайы» æртыккаг орден цы хорзæхы сыфмæ гæсгæ райста, уым иу рае та афтæ фьист ис: ...Цæвнттон, 10. 4. 45 азы горæт Берлииы централон аэро- дромы «ывтæ исгæйæ, ууыл (ома Цхуырбайы фыртыл) хæр- хæмбæлд фесты дыууæ «Фокке-Вульфы-190». Уавæр æвип- пайды бахынцыдта, йæхи уырдыгм.æ ауагъта æмæ хъæды сæр- мæ ныллæджыты атахт. Знаджы куынæггæнæг хæдтæхджытæй хъæды тары кæмдæр æрбаисæфт æмæ дарддæр йæ фæстæ нал атахтысты. Уæд сæм дыккаг хатт батахт йæхæдæг æмæ йæ хæслæвæрд æнæхъæнæй сæххæст кодта. Уыцы хæютон куысты рæстæджы ма знаджы территорийыл æркалдта 72.000 сыфы немыцаг æмæ польшæйаг æвзæгтыл. Фыдыбæстæйон хæсты фронты знагыл бомбæтæ æркалыны тыхæй æмæ разведкæйы ф’æдыл акодта 81 хæстон атахты. Дыууæ хатты систа Седлец — Варшавæйы рубежы фотоныв. Уым 28. 7. 44 азы, хæстон атахты рæстæджы, уый бахаудис ар- тиллерион интенсивон æхсты. Фæлæ, фотонывтæ дарддæр исгæ- йæ, иттæг хорз сæххæст кодта йæ хæстон хæс. Уыцы рæстæджы дæргъы Цхуырбайы фырт уæлдæфæй цы 2850 квадратон километры фæзуаты нывтæ систа, уым рабæ- рæгис 6818 хæстон объекты. Уыдонæй сегасы ахсджиагдæр уы- дысты: автомашинæтæ— 1980, бæхуæрдæттæ — 555, аэродром- тæ—16, хæдтæхджытæ—284, хидтæ æмæ ахизæнтæ — 16, æфсæнвæндагон эшелонтæ—126, вагæттææмæ платформæтæ — 2610... Кæмдæриддæр æмæ кæддæриддæр (æхюæв уа, бон, хъызт уа, æви тæрккъæвда) кавказаг хæххон цæргæс Цхуырбаты Сер- ги тугуарæн кодта æнæуынон фыдгултыл. Диссаджы сгуыхт- 697
дзинæдтæ равдыстой немыцаг сау сынтыты ныхмæ Стыр Фы- дыбæстæйон хæсты æппæт фронтты, нæ арæхстджын æмæ æрд- хæрæны дæаны тæхæг цы бирæнымæц æндонбазырджын цæр- гæстæ схъомыл • кодта, уыдон дæр. ...Ныртæккæ Цхуырбаты Серги кусы æмбæстагон уæлдæ- фон флоты æмæ, цы фæлтæрд тæхджыты къордыл командæ юæны, уыдон не стыр Райгуырæн бæстæйы алы кæрæттæм, стæй фæсарæнтæм дæр ласынц бирæ бæлццæттæ.
Мидодашвили Р. КОВПАКОНТÆЙ СÆ ИУ Æнæхъыгдард лæг у Цхуырбаты Сарди. Тигъуайы хъæуы дзы æвзæр нич,и зæгъдзæн. Иууыл фылдæр та йæ сывæллæттæ уарзынц. Нæ йын дæдтынц æрынцой. Кæмдæриддæр æй фе- нынц, уым йæ алываре атыгуыр вæййынц — райдайынц æм хъæр кæнын: — Дядя Сарди, .радзур-ма нын хæсты хабæрттæ, лартизан- ты тыххæй истытæ, фæнды нæ дæумæ байхъусын. Уый дæр сын феххæст кæны сæ фæндон, уæдæ цы. Мæнæ та ацы хатт дæр Тигъуайы 8-азон скъолайы пионертæ лæмбынæг хъусынц Сардимæ: — Уыцы бон уыд хуыцаубон, — дзуры раздæры партизан. Хъæуы фæсивæдæн уыдис хъазтизæр. Дардмæ хъуыстис уадын- дзы цагъд, фæсивæды кафт, зард. Фæлæ уыцы иу уыем хъæу- мæ байхъуыст зæрдæхалæн хабар — хæст райдыдта, зæгъгæ... ...Уыцы æхсæв æз æмæ мæ кæстæр æфсымæр Иван райсом раджы фестадыстæм, нæ хæдзары митæ акодтам æмæ араст стæм æфсæддон комиссариатмæ. Нæ дыууæйы дæр фæндыд фронтмæ ацæуын... Хæсты фæм.ардуæвæг æфсымæр, Советон Цæдисы хъайтар Цхуырбаты Иваны ном зæгъгæйæ, Сардийы ныхас æрдæгыл фæлыг ис, уæззау ныуулæфыд æмæ райдыдта дарддæр: — Нæ фæндоныл сразы сты. Ацыдыстæм фронтмæ. Дыууæ азы дæргъы дæрæн кодтам фашистты. 1943 азы уалдзæджы тох кодтам Украинæйы территорийыл. Раззаг хаххыл мæ цуры фехæлд бомбæ. Ницыуал базыдтон. Не ’фсæддон хай фæстæмæ 699
алæууыд. Бахаудтæн тугцъирты къухтæм æмæ ше амидæг код- той Ныгуылæн Украинæйы. 60 уацайраджы уыдыстæм, хъæдрæ- бын сындз телæй æхгæд иу чысыл рæстæгмæ лагеры — хъахъ- хъæдтой йæ дыууæ хотыхджын фашисты. Иу бон бадзырдтам: кæнæ мæлæт, кæнæ сæрибар. Сарæе- там архайды пълан. Фынæйы мæт дæр ма кæй уыд. 'Хсæвы скуынæг кодтам хъахъхъæнджыты, сæ гæрзтæ сын æристам æмæ хъæды бамидæг стæм. Фæлæ нын зынаргъ слæууыд лагерæй алидзын. Фашистты эйнæхъæн батальон æрхъула кодта хъæдыл. 60 лæгæй ма 18-æй аирвæзтыстæм фашистты тугæйдзаг дзæмбытæй. Бирæ фыдæбæттæ бавзæрстам хъæды. Фæлæ сæ ницæмæ æрдардтам, бирæгъты дзыхæй удазгасæй кæй раирвæзтыстæм, уый тыххæй. Куыддæрты бахаудтам партизантæм—Микояны номыл отрядмæ. Райстой иæ хорз æмæ нæ схотыхджын кодтой хæцæнгарзæй. 1944 азы февралы онг тох кодтон ацы отряды. Æрынцой нæ лæвæрдтам оккупанттæн. Пырх кодтам хæцæн- гæрзтæй йедзаг автомашинæтæ, хæлцадон скълæдтæ, куынæг кодтам хьæуты фашисттæн лæггадгæ1нджъ1ты. Иу хатт зоиæнтæ райстам, гермайнаг эшелон æфсæддон хотыхтæ фæласы фронты ’рдæм, зæгъгæ. Уый спырх кæнын ба- хæс æрцыд нæ ротæйæи. Уыдис январы кæрон. Карз уазал дымгæ къуыззитт кодта. Талынг æхсæвы, хъæды нæугæйæ, бамбæлдыстæм æфсæнвæнда- гыл. Зæхх уыдис салд. Къахын нæ куымдта. Архайæм, фыдæ- бон кæиæм, рæстæг цæуы. Дардæй нæм райхъуыст паровозы хъæлæба. Фæстаг минуттæ. Нывæрдтам минæтæ æмæ гуыбыр- «гуыбыр иæх(И айстам хъæдмæ. Уыцы уысм скалдис сау фæздæг, йæ фæстæ тыхджын нæрынимæ сиу ис фашистты цъæхахст — алцы дæр тахтис уæлдæфы... Гермайнæгтæ базыдтой, хъæды партизантæ уыдис, уый. Нæ ныхмæ нырма хæдтæхджытæ рарвыстой, æркалдтой бом- бæтæ, стæй та — танкæтæ æмæ фистæг æфсад... Цалынмæ бьшатмæ цыдыстæм, уæдмæ нæ отряд аивта ше бынат. Фæиппæрд дзы стæм. Бирæ йæ фæцагуырдтам, фæлæ ницы ссардтам. 1944 азы февралы бахаудтам Советон Цæдисы Дыууæ хат- ты Хъайтар инæлар-майор Ковпакы фыццаг партизанон да* визимæ æмæ дзы фестæм иу аз. Уым базонгæ дæн иу гуырдзи- аг Шалва Гогиашвилиимæ. Уый уыдис Гуры районы Меджв- рисхеуы (хъæуккаг. Бирæ зындзинæдтæ федтам иумæ. Æфсы- мæртау æххуыс кодтам кæрæдзийæн. Æнæ кæрæдзи къæбæр дæр нæ хордтам. — Хæлц æмæ-иу дарæс байстам гермайнæгтæй, куы тачиу нын советон хæдтæхджытæ рыппæрстой хæрд, дарæ^с æмæ ма хæцæнгарз дæр. Полыыæ æмæ Хурныгуылæн Украинæйы арæныл, цæугæ- дон Забуга былыл цард польшæйаг хъæздыг помещик. Уый 700
%æлц æмæ æвдæр ахæмтæй фæлындзыдта мингай гермайнаг оккупантты. Фæлæ бирæ нæ ахаста афтæ. Æхсæвыгон сæ ныц- цавтам, скуынæг кодтам фаииистты ахстон. Удæгас ма дзы чи аззад, уыдонсæхибааууон кодтой талынджы. Ракодтам 100 бæ- хæй фылдæр. Иу тæлтæг бæхыл дзы æз дæр æрбадтæн... Ацы апераци’йы рæстæджы æз æмæ ме ’мбал Шалва Го- гиашвили фыццаг хатт федтам не ’мбæстаг, советон Цæдисы Хъайтар Д. Бакрадзейы. Базонгæ стæм, æфсымæрау нын райс- та нæ къухтæ... ...Нæ партизанон отряды уыдис ,иу лæппу—13 аздзыд, хуыдтам ,æй Капсул. Тыхджын лыфсхаст уыд. Иу хатт æй раз- ведкæйы арвыстам хъæумæ. Фæстæмæ раздæхгæйæ, фæнда- гыл федта гермайнаг унтер-афицеры иунæгæй. Чысыл партизан- разведчик фæстæты бахъуызыд, йæ къухы пистолет, афтæмæй фашисты гæрзтæ æрывæрьин кодта æмæ йæ йæ разæй раскъæрд- та нæ отрядмæ. — Æхсызгондзинæдтæ бирæ бавзæрстон, — кæронбæттæны загъта Сарди, — фæлæ Барановичы областы хабæрттæ, гер- майнæгтæ фæстæмæ куыд лыгъды.сты, Советон Æфсады хæйт- тæ æмæ сæ нæ партизантæ куыд дæрæн кодтой, æппæт уы- дæттæ никуы ферох уыдзысты мæ зæрдæйæ. Советон Цæдисы Хъайтар инæлар-майор Вершигора æр- бамбырд кодта партизанты æмæ нын загъта, зæгъгæ, рæхджы баиу уыдзыстæм Советон Æфсады хæйттимæ. Æрбалæууыд уы- цы минут дæр. Мæнæ, гъе, æрбацæуынц ’нæ танктæ, (сармадзан- тæ, автомашинæтæ, фистæг æфсад. Кæрæдзийыл тыхстытæ, пъа- тæ, хъæбыстæ, цины цæосыгтæ... Мæ зæрдыл ма лæууы: иу шофер фæурæдта машинæ, ка- би«æйæ райста æфсæддон дзæкъул йедзагæй æмæ йæ ме ’рдæм раппæрста, — партизан, мæнæ дын сухартæ, — загъта æмæ йæ фæндагыл ацыд... Бо’н дзир-дзур кодта. Бацыдыстæм та знаджы фæсчъыл- дыммæ. Ногæй та дæрæн райдыдтам фашистты. Фронты хахх нæ арæнтæй куы ахицæн, уæд мæн бакодтой спецкъордмæ, Куынæг кодтам Ныгуылæн Украинæйы хъæдты æмбæхст бан- дитты. Уалынмæ æрцыд, адæймагад цы бонм.æ бæллыд, уый дæр. Уæлахизы тырыса офæйлыдта Рейхстаджы сæрмæ, æз дæр æрыздæхтæй мæ райгуырæн хъæу Тигъуамæ. Уый уыд 20 азы размæ. Ацы рæстæджы дæргъы йæ сæры хъуынтæ фæурс сты 60 азæй хызт раздæры ковпакон парти- занæн. Фæлæ дзы уыцы фыдæбæттæ, хæсты хабæрттæ уæд- дæр иæ ферох сты. Бирæ хæттыты сфæнд кодта Сарди Тбилисмæ ныццæуын партизанты раздæры .хистæр, Советон Цæдисы хъайтар Давид Бакрадзейы фенын, ф<æлæ йын никуы бантыст. — Чи зоны мæ зонгæ дæр нал бакæна, — хъуыды кодта Сар- 701
ди æмæ агурын райдыдта фроитæйæрхæсгæ документтæ. Иу- æй-иуты дзы æардта. - 1965 азы 28 март. Сарди ис Тбилисы. Æцæгдæр æй нал базыдта йæ раздæры командир. Сарди йьгн йæ зæрдыл æрлæу- уын кодта, кæм тох кодтой, уыцы бынæттæ, хæсты эпизодтæ. Федта документтæ дæр. Базыдтой кæрæдзи, фæцин кодтой тынг...
Пухаты Александр ТОХВÆЛТÆРД ПАРТИЗАН : Уыцы лæджы кой æз арæх хъуыстон ам, Ирыстоны, уый тыххæй кастæн газетты. Мæ цæстыты раз-иу слæууыдис йæ • фæлгондз, кæд æй æввахсмæ никуыма федтон, уæддæр. Раст куы загътон, уæд мæ тынг фæндыд, дард Белорусы хъæдты пемыцаг фашистты уæнгты мæлæты тас афтæ тынг чи уагъта, уый фенын, йемæ зæрдæйæ-зæрдæмæ фæныхæстæ кæнын. Иæ адрес мæм куыддæрты бафтыд æмæ апрелы фæуды араст дæн горæт Минскмæ. Цы бон ныхæццæ дæн, уыцы изæр балæууыдтæй сæ хæ- дзары ’раз. Тыргъмæ мæ размæ рацыдис иу сылгоймаг æмæ мын салам радта. — Кæй агурыс?— къахæджы фарст мæ акодта уый. — Ме ’мзæххон Цоциты Уасилы! — барджыны хъæлæсы уагæй йын загътон æз. — Уæдæ нæ уазæг куы дæ. Табуафси, мидæмæ. Вася дæр ныртæккæ йæ куыстæй æрбацæудзæн, — бацин мыл кодта. Сылгоймаг йæ ныхас кæроммæ нæма фæцис, афтæ дуарæй æрбайхъуыст къæхты хъæр. Мидæмæ æрбахызт нылæггомау саулагъз лæг, æмæ мын уæздан салам ратгæйæ, йæ бинойна- джы афарста: — Маринæ, уазæджимæ мæ цæуылнæ зонгæ кæныс? —Дæхи ирыстойнаг у! Уый фехъусгæйæ мæм æрбацыд æмæ мыл зæрдиагæй ны- тыхсти. Базонгæ стæм, бирæ фæфарстам кæрæдзийы нæ царды ха.бæрттæй. 703
— Уасил Исмаилы фырт, тынг мæ фæнды дæ хæстон хъуыд- дæгтимæ базонгæ уæвын, — загътон ьгн æз. — Æвæццæгæн та ды дæр исты фысдзынæ, и? — йæ мид- былты гæзæмæ бахудгæйæ мæ афарста. — Кæй зæгъын æй хъæуы. Куыд фехъуыстон, афтæмæй дæ хæстон биографи хъæздыг у алыгъуызон цаутæй. Дæ тохы хъуыддæгтæ мын фæдзур биноныгæй, — хатæджы каст æм ба- кодтон. — Сæ дзурынмæ зивæг нæ кæнын, фæлæ, цалынмæ фыс- сын райдайай, уæдмæ уал дын хъуамæ мæ хæцæн бынæттæ фенын кæнон. Карз тохтæ кæм цыдис, уыцы бынæттæ. — Цы ’гъдауæй? — Сом райсом чысыл экскурси саразæм горæтгæрон хъæд- тæм. Дыккаг бон арастыстæм нæ балцы. Копрадзгъуыз автобус .нæ скъæфта Хурныгуылæны ’рдæм, топпыфатау, æмраст, лæгъз асфалтыл. Æхсæвы чыоыл рауарыди æмæ фæндагыл рыг нæ бадти, сатæг сыгъдæг уæлдæф-иу гом рудзынгæй куы ’рбакалд, уæд-иу зæрдæйæн æхсызгон уыд. Æрхызтыстæм хъæу Юзуфовойы. Йæ хурныгуылаш фарс, хъæдгæрон ис æфсымæрон ингæн. Бацыдыстæм æмæ нæ худ- тæ систам, иудзæвгар æмырæй алæууыдыстæм. Уасил йæ цæс- сыг нал баурæдта. Бынтон таыллæг хъæлæсæй мын мæ хъусы- дзурæгау афтæ бакодта: — Ам мард æрцыдысты мингай советон æмбæстæгтæ. Би- рæ сабитæ та дзы иыгæд æрцыдысты удæгасæй. Мах федтаМ, фашисттæ зæххы ’мхуызон кæй скодтой, уы- цы хъæутæ: Булаши, Вышково æмæ Колоиицийы. Сæ адæмы та сын фæстаг лæджы онг цæгъдгæ фæкодтой. Хъæутæн сæ нæмттæй дарддæр ницыуал баззад, сæ бынæтты хуымтæ цъæх адардтой. Нæзыджын хъæды арф бацыдыстæм. Къахдзæфæй-къах- дзæфмæ траншейтæ æмæ акъоппыты бынæтæ. Ныр кæрдæгæй (цъæх адардтой, 1фæлæ ма у^еддæр/дзыхъхъьшæ^къуыппытæй лæу- уынц. Арæх æмбæлдыстæм иугай ингæнтыл, æфсæйнаджы цъæлтыл, адæймаджы стджытыл. Афтæ нæм кастис, цыма топ- лыхосы сымаг нырма дæр ис уæлдæфы. Бæлæстæй бирæтæ уы- дысты нæмыгдзæфтæ, сыгъдтытæ — кæддæры карз тохты æв- дисæг. Иу ран фæкомкоммæ дæ<н фашисты згъæрхудмæ — дыу- уæ раны тæстытæ, згæйы бьш фæцис. Чи зоны, сабиты удæга- сæй чи баныгæдта, уыдонæй сæ иу уыд. йæ фыдракæндты тых- хæй, æвæццæгæн, æфсæйнаг дзуар райсын æнхъæл уыд. Фæлæ йæ хъæдын дзуар дæр нæ фæцис. Æрцыдыстæм фæстæмæ торæтмæ. Уым мьш ме ’мзæххон мро хабæрттæ бæстон фæдзырдта: , Уый уыдис 1941 азы 25 июны. Литвæйы зæххыл, горæт Каунасмæ æввахс, не ’фсæддон хайæн бацайдагъи карз тох 704
немыцаг фашисттимæ. Уым Цоциты Уасил уæззау цæф фæцис æмæ баззади ^знаджы фæсчъылдым. Советон æмбæстæгтæ йын баххуыс кодтой, йæ цæфтæ йын бабастой. Куыддæр сдзæбæх æмæ йæ къахыл слæууыд, афтæ Каунасы райдыдта сусæг куыст кæнын. Фæлæ йæ иу кæцыдæр гадзрахатæйцæуæг геста- помæ банымыгъта æмæ ахст æрцыди. Фашисттæ йæ бирæ фæрафæрс-бафæрс кодтой: — Кæм ис уæ партизанты къорд? Кæд мын м,æ фарстæн раст дзуа-ппытæ радтай, уæд дын цард лæвар кæнын, кæд на\ уæд та — ауындзаэн! — карзæй йын загъта уый. — Цы нæ зонын, уымæн дын куыд хъуамæ радтон дзуапп — а^дыхстæй йын дзуалп радта Цоцийы фырт. — Уæ абырæг партизшты къорд кæм ис дын куызæгъын! — фæхъæр ыл кодта гестапойы кусæг. — Нæ зонын! — фидарæй йын загъта Уасил. — Уæдæ дæ дзуапп дæттын нæ фæнды, уæд уал уыдоныл хæц! — резинæ ехсæй йæ фæд-фæдыл цалдæр цæфы фæкодта немыцаг тыхгæнæг. Уа<сил !нæ ахауд, лæугæйæ баззади, цыма йæ хæстон посты лæууыдис, уыйау, йе ’рфыг дæр н,æ фенцъылдта. Цалдæр боны фæстæ Уасилы Вильнюсмæ аластой æмæ йын мæлæты тæрхон рахастой. Сентябры мæй йæ йе ’мбæлт- тимæ æхсæвыгон фæагорæтмæ марынмæ куы рацæйкодтой, уæд ын куыддæртæй бантысти ралидзьш æмæ хъæды арф бам^ бæхсын. Фæстагмæ Уасилы йæ хъысмæт æркодта Ммнскмæ. Хæсты размæ дæр дзыслужбæ кодта, хорз зыдта амы бынæттæ. Го- рæт уыдис немыцæгты къухы, æрæвæрдтой дзы сæ «ног фæтк». Ам дæр та Уасил райдыдта сусæг куыст кæнын. йæхи Рабуш- ка Владимир схонгæйæ, Минскы вокзалы ныллæууыди уынг- мæрзæгæй. Фæлæ йæ хъуыдытæ уыдысты бынтон æндæр цæ- уылдæр. Архайдта бынæттон партизантимæ, стæй сусæгкуыст- гæнæг советон патриоттимæ йæхи сбæттьшыл, семæ æнгом баст- дзинад /саразыныл. Цоцийы фырт æдзухдæр тырныдта знæгтæн цыфыддæр зи- æнттæ бакæнынмæ. Ах,æм фадат-иу ьш фæцис, йæхæдæг дæр-иу æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ: Минскы станцы фæсфæд лæууьг дысты немыцаг эшелонтæ. Поездтæ ластой æртаг, æфсæддон дзаумæттæ, хæлпадон продукттæ. Уый уыд марты уазал æх- сæвтæй сæ иуы. Дуармæ афтæ мæйдар уыдис, æмæ цæсты къух куы фæтъыстаис, уæддæр æй нæ федтаис. Уасил йе ’мбæлттæй цалдæримæ бадзырдта, цыфæнды куы фæуа, уæддæр ацы ’хсæв фашисттæн хъуамæ исты разиан кæной. Куыддæртæй сфæрæз кодтой хæлæн æрмæг. Рельсыты бын æй бакодтой, ссыгътой фитилтæ ,æмæ уадидæгæн еæхи дард айстой. Чысыл фæстæдæр райхъуысти хъустæкъуырмагæнæг гæрæхтæ, уæлдæфы стахтыс- ты фæйнæг æмæ æфсæйнаджы цъæлтæ, сыгъдысты голджытæ, аюыччытæ. Немыцаг полицæйæгтæ æмæ хъахъхъæнджытæ фæ- 45* 705
дисы хъæр систой, а^дкуыйтæ, кæйдæр æлгъитга, дыууæрд&нг радугъ-бадугъ кодтой. Нæ сын бантысти «фыдгæнджыты» фæд ссарын нæдæр æх- сæвы æмæ нæдæр боны. 4 паровозы, бæлццæттæласæн 6 æмæ цалдæр уæзласæн вагоны .партизанты амæттаг фесты. Цасдæры фæстæ чидæр хæрзгæнæг фæцис Уасилмæ, дæхи бааууон кæн, немыцæгтæ дын дæ фæд агурын райдыдтой, зæгъ- гæ. Æмæ уый дæр йæхи айста Вильнюсмæ. Фæндæгтыл цыд æрмæстдæр æхсæвыгон, æрхыты, къутæрты, аууæтты. Горæтмæ хæстæг ыл лæнкауы амбæлдие йæ зонгæ лæг. Уый йын загъта, йе ’мбал партизанты хæцæнтæ кæм сты, уый. Изæрырдæм сæ ссардта. Фрунзейы номыл партизанон бригадæйы командир Матю- гин Борис æй куыддæр ауыдта, афтæ йæм йæхи рауагъта æмæ йыл, æфсымæрау, ныттыхсти. — Æгайтма æгас хæдзар ссардтай, æмбал Цоцийы фырт. Мах дын удæга<с æнхъæл дæр нал уыдыстæм. — Мæ хъысмæт мыл нырма хинæй разилынмæ нæ хъавы, æмбал командир! — Кæм уыдтæ фæстаг рæстæджы? — мидбылхудгæйæ йæ афарста Матюгин. — Минскы! — Æмæ дзы цы арæзтай? — Куыстон, хæлдтон æмæ мардтон, — цыбыр дзуапп ын радта Цоциты Уаеил æмæ йын йæ цард æмæ йæ тохы хабæрт- тæ радзырдта. — Бæдæйнаг, мæ хæлар. Хорз уыд, æмæ нæ бахаудтай уы- цы лæгбирæгъты къухы. Цæй, æрулæф уал. Стæй дæ бригадæ- йы хæстон архайдтыты пъланимæ базонгæ кæндзынæн, — фьг дау ын аудгæйæ загъта уый. Уасил уыд бригадæйы штабы хистæр, стæй та партизанон къорд «За родину»-йы командир. Стыр хæстон сгуыхтдзинад равдыста 1943 азы июлы Уасил йæхæдæг иунæгæй. Нæ фронттæй сæ иуы командæкæнынады хæслæвæрдмæ гæсгæ уый фехæлдта Минскы районы немыцæг- тæ Вязьмæ — Берлины хаххыл зæххы бынты цы телеграфон кабель сарæзтой, уый. 24 сахаты дæргъы бастдзинад нал уы- дис фашисттæн ацы районы. Уасил уый тыххæй хорзæхджьш æрцыдис «Партизаны фыццаг къæпхæны» медалæй. 1944 азы 19 февраль. Мит йæ уарынæй не ’нцад. Цоциты Уасил йæ зонгæ, æфсæнвæндаджы кусæджы руаджы базыдта, сæумæцъæхæй Ждановичийы станцыл кæй рацæудзæн немьг цæгты бæлцæттæласæп поезд «Кенигсберг — Орша», уый. йæ хъæбатырдæр æмбæлттæй цыппары рахицæн кодта. Минæтæ сфæрæз кодтой æмæ сæ станцмæ дæрддзæф рельсыты бын бавæрдтой, сæхæдæг сæхи иуварс айстой. Куыддæр поезд ууылты рацыд, афтæ уæлдæфы анæрыдысты зæрдæхалæн гæ- ^рæхтæ. Паровоз йæ аст вагонимæ фæдæлбыл. 706
Цыдæриддæр фыдæвзарæнтæ, зындзинæдтæ бавзæрста Уа- сил йе ’мхæстонтимæ, уыдонæй иууыл æвирхъаудæр уыдис 1944 азы сæрды, июны. Фашистон æфхæрæг къорд — 300 гит- лероны Березинæйы районы Поликы цадмæ æввахс, цæгау, æр- тыхстысты партизанты къорд «За родину»-йыл. Махуæттæ сыи дзуапп лæвæрдтой тыхджын æмæхстæй. Бирæтыл дзы сæ дуне баталынг кодтой. Фæлæ уæддæр тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты. Нæ хæстонты нымæц 2 хатты къаддæр уыд. Фашисттæ та сæ сæхицæй фылдæр æнхъæлдтой. Нæ сæм уæндыдьисты ныхæй- ныхмæ атакæйы бацæуын, фæлæ æрхъула дæр кæм уæгъд код- той. Кæд сыдæй уæддæр мæликкой, зæгъгæ. Цоцийы фырт æмæ йе ’мбæлттæ стыр цъыфдзасты фæбад- тысты 20 боны, æмæ, цыфыддæр хъиæзмæрттæ быхсгæйæ, фи- дар лæууыдысты сæ позициты. Хæринаг та сын æппындæр нал уыдис. Хордтой хæфсытæ, хъуынагæрдæджытæ, æрчъиаджы лыггæгтæ. Иуахæмы сæ сæрмæ уæлдæфы азæлыд советон хæдтæх- джыты нæрын. Партизантæ бацин кодтой. Чысыл фæстæдæр райхъуыст сармадзанты æхстытæ дæр. Базыдтой, фронты хахх кæй æрбаввахс, уый, сæ ныфс фæдывæр. Фашисттæн та фыр- адæргæй се ’уонджы мигъ бадын байдыдта. Партизантæ сæ тыхтæ бамбырд кодтой æмæ сæхæдæг размæ абырстой æмæ æрхъула арæдывтой. Немыцæ.гтæ ахæм цæф æнхъæл нæ уы- дысты æмæ сæ сæртæ æфснайынмæ фесты. Партизантæ баиу сты размæбырсæг Сырх Æфсады хæйттимæ. Ууыл фесты сæ архайдтытæ знаджы фæсчъылдым, фæлæ >сæ кадджын тради- цитæ фылдæр кодтой, хæстонтæ Сыпх Æфсады рæнхъыты Ны- гуылæнмæ цас тынгдæр цыдысты, афтæ. Алкæй былалгьыл дæр сæ баДтис дьтууæ дзырды: «Размæ, Берлинмæ!». Цыдис Цоциты Уасил дæр Ныгуылæны ’рдæм, зонгæ хъæу- тæ æмæ горæттæ фæстейæ уадзгæйæ. Арæх-иу йæ цæст дардта сосæ фæндаджы былтæм. Километртæамонæн цæджындзтыл нымæцтæ куыд къаддæр кодтой, афтæ йын уыдис æнцондæр. Алы цæджындз дæр дзы æввахсдæр кодта стыр уæлахиз. Суанг Берлинмæ фæцыд тохгæнгæ. Банкъардта уæлахизы бон иу- уыл стырдæр циндзинад. 1947 азы демобилизацигонд æрцыд капитаны ч^ииимæ. Æрыздæхт Минскмæ. Ссардта йæ бинонты — йе ’мкъай Мария Иосифы чызг æмæ йæ дыууæ сабийы — Дианæ æмæ Валодя- йы Схæсты рæстæджы Саратовы цардысты). Цинтæ æмæ хъжбыстæн кæрон дæр иал уыдис. Коммунист Цоциты Уасил, 3 орден æмæ 6 медалы кавалер, райдыдта, раздæрау, сабырадон куыст. Бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста 20 азы дæргъы. Æмуд, адджын цард кæны йæ би- нонтимæ. Йæ сывæллæттæ ныр стыртæ сты. Йæ чызг Дианæ — зæнæджы хистæр — каст фæцис медицинон институт, дохтырæй кусы. Йæ( фырт Валодя Советон Æфсады рæнхъыты службæ кæны — йæ фыдау ныфсхаст, æнæхин æмæ адæмуарзон. Кæс- 707
тæр^чызг — Верæ нырма астæуккаг скъолайы ахуыр кæны. Нæма рахызти царды уæрæх æмæ вазыгджын фæндагмæ. Арæх æрымысы раздæры (партпзан йæ хæцæн бьинæтта\ Улæфты рæстæджы сæ -абæрæг кæньт. Хъæуты уæвгæйæ, феньт йæ хæстон æмбæлтты, зонгæты. Амы адæм æй иууылдæр хорз зонынц, йæ размæ ракæлынц, фæцин ьтл кæнынц. Чи йæ зоны, цал æмæ дзьт цалы фервæзын кодта мæлæтæй, гъе, та мард чи фæцис, уыдонæй цалы маст райста? Æрмæст диссаг уый у, æмæ йæм хъæуты йæ номæй ничи дзуры—(иууылдæр æй Владиммр Иванович хонынц. --Цæмæн дæ афтæ хоньшц? — бафарстон иу изæр Уасилы. — Уьгй мæ фæсномыг у. Паргизан уæвгæйæ, афтæ схуыд- тон мæхи фæдсафыны охыл. Бирæтæ мын ме ’цæг ном æмæ фыды 1ном зонгæ дæр нæ кæнынц,—дзуапп мын радта, йæ бæзджын еау-сауид сæры хъуынтыл йæ къух æрсæрфгæйæ, æмæ, ивгъуыд тохтьт цаута^ мьгсгæйæ, исдугмæ арф хъуыдыты г.ныгъуылд.
Хъодалаты Герсан ÆРДУЙЫ ХИДЫЛ Аргьæуттæ, таурæгътæуарзаг уыд чысыл лæппуйæ Ило. Йæ райгуырæн хъæу мхслебаг зæронд лæгтæм-иу хъусгæйæ баз- ^ади. Цæмæй зыдта, уыцы аргъæутты хъайтартау æй стыр цæлхдуртæ иуварс кæны/н бахъæудзæн искуы. Бо’нтæ ,йыл ивгъуыдтой æнæмастæй. Фæци каст астæуккаг скъола æмæ дарддæр нызæзта рæсугъд бæллицтæ. Гъе, фæлæ Фыдыбæс- тæйон хæсг уымæн дæр йæ рухс бæллицты цæхæр рæстæгмæ фæнымæг кодта. 1942 азы, хæсты тæккæ карздæр бонты, æнудæсаздзыдæй ацыд фронтмæ. Æртæ мæйы фæстæ минæ- æхсæ;н батареймæ бахаудта. Се ’фсæд’дон хай ггохгæнга? цыд горæт Воронежы ’рдæм... Фыццаг сæ къухты æфтыд уæ- лахизтæ... 1943 азы 23 февралы ахъаззаг тохы фæстæ ссæрибар код- той горæт Харьковы. Фæлæ немыца’г фашисттæ кæд горæтæй сæхи айстой, уæддæр ма Харьковы обласгы территорийыл цы- дис карз тох, арт æфтыдтой хъæутыл, районты центртыл. Æгæ- рыстæмæй, горæт уадзгæйæ, раздæры егъау >сæюæры заводæй цы концентрацион лагер ^сарæзтой, уым уæвæг уацайрæгты ныххуынчъытæ кодтой æрцытæй æмæ сæ афтæмæй ныууагътой. Изюмы районы карз тох бацайдагъ не ’фсад æмæ гитле- рон оккупанттæн. Бæстæ сармадзанты нæрын æмæ танчыты гуыргуырæй æнкъуысти. Немыцаг хæдтæхджытæ улæнгай тах- тьисты æнæрынцойæ æмæ бомбæтæ калдтой махуæтты позици- тыл. Не ’фсад фæстаг туджы ’ртах, фæстаг нæмыджы онг сæруæлдай тох бæрпæ кодтой, фæлæ ’рхъулайы бахаудтой... Минæхсæг батарейыл æрцыдис æвирхъау стыр зиæнтта^. 709
И^о æмæ старшинæ Виктор Гавшин тохы быдыры хицæнæй аз- задысты. Сæ хæдæхсты хæтæлтæ уазал кæнын райдыдтой фе’сты сæ нæмгуытæ. Цы саразой? Кæцырдæм лидзой? Знаг, сау калмау, æртыхстис минæхоæг батарейыл... Иу бомбæ ратахт къуыззитгæнгæ æмæ тæккæ Ило æмæ Гавшины цур фехæлд. Габазгай спырх зæхх æмæ судзгæ сыджыты бын аныгæдта дыу- уæ бæгъатыры. Илойæн ма йæ сæр фæзынд. Фæлæ йæ хъустæ бынтондæр бакъуырма сты, исдугмæ ницыуал базыдта. Иугæр йе ’муд куы æрцыд, уæд йæхимидæг сызмæлыд, йæ цæнгтæ ай’вæзтытæ кодта æмæ бомбæйы цæха^рæй сыгъд сыджыты бьг нæй куыддæрты сбырыд. I НОГ ФЫДБЫЛЫЗТÆ I Ило фæхицæн йæ къордæй... Алы къутæры бынæй дæрæммаг лæт каст. Фæлæ тас мæлæтæн æххуыс нæу. Уыцы хъуыды йæ зфрдæйæ никуы хицæн кодта Илойæн. Æмæ цыфæнды зынты дæр никуы саст йæ ныфс. Ныр дæр та цæуы йæ хидкалгæ, агуры нæхиуæтты. Æрталынг. Лæг йæ развæд нал уыдта. Куьг иу кæм цъыфдзасты аирвæзт, куы кæм. Æвиппайды йæ хъустыл ауад кæйдæр тызмæг хъæлæс: «Стой, кто ’идет!» Ило йæ мидбькнаты дзыхълæуд фæкод- та. Фæкаст æмæ уæ^ртæ къутæры фарсмæ ныгъуылдæй — чидæр. йæ къухы æркъæппæввонг пистолет. Ило дæр февнæлдта йæ пистолетмæ æмæ йæм æй фæцарæзта. — Ма мæ фехс, æз уæхиуæттæй дæн, — æрбайхъуыст æм «знаджы» хъæр. — Кæд афтæ у, уæд ма дæ пистолет зæххыл æрæвæр, — дзуапп ын радта Ило. Æрæууæндыдысты кæрæдзийыл дыууæ æмхъысмæт хæсто- ны. Бацыд æм Ило хæстæг. Базонгæ сты. йæ фарсмæ æрбадт æмæ кæрæдзийæн сæ дудгæбæттæ райдыдтой дзурын... Уый разынд башкираг. Йæ мыггаг — Мишцель. Цæфæй фæиппæрд н.æхиуæттæй. йæ къæхтæ басыдысты æмæ йæ бон æппындæр цæуын нал уыд. Фæлæ йæ Ило зындоны нæ ныууагъ- та, ныххаста йæ хъæуы иу хæдзармæ æмæ йæ фысымы бæрны бакодта. ...Æхсæв сауæй-саудæр кæны. Мæнæ иу лæнкаумæ бахауд. Уæртæ йæм къутæрты ’хоæнæй фæзындис танчы згъæр «худ». Æввахсдæр æм бацыд Ило. Ныр та йæм «худы» бынарй йæ сау «цæст» радардта сармадзан. «Æвæццæгæн хæлд танк у... Цом æмæ дзы ныббырон æмæ иу цъус уæддæр афынæй кæнон», — ахъуыды кодта йæхины- мæры Ило æм.æ йæм хæстæгдæр баласта йæхи. Айхъуыста фæйнæрдæм. Танчы хуылфæй райхъуыст хæццæ унæр. йæ ра- хиз фæрсты бахъуызыд. ’Йæ цæст та адардга алырдæм æмæ йæм цъус фалдæрæй разындысты иемыцаг танкæтæ. Ило йæхи баауон кодта... 710
Райдыдта бон кæнын. Ило бафтыди иу чысыл хъæуы цур- мæ. Хъæумæ бацæуын тæссаг уыд. йæ фæндаг акодта хъæмпы дъынатæм, йæхи баауон кæныны æнхъæл. Иуы бын дзы йæ къухтæ фæсагъта, ракъахта йæ, æрулæ- фыд. Дзæбæх куы ’рталынг, афтæ хъæумæ фæзынд Ило. Иу хæдзары фæрсты куы фæцæйцыд, уæд ыл куыдз орæйдта. Кæр- ты фаллаг фарс амбæхст. Уалынмæ йæм чидæр фонары рухс фæдардта, йæ уæлхъус февзæрд. Ныддардта йæм хæдæхс. Ило- йыл фæхъæр кодта: «Руки вверх!» Ило æвиппайды фездæхт, немыцаг патрулы хæдæхс ацахста, пистолет фелвæста æмæ йын æй йæ ныхыл »суагъта. Немыцаг дæлгоммæ асхъиудта. Ило йæ сæрты агæпп кодта æмæ фæлидзы. Йæ размæ фæци язндæр фашист. Уый дæр та фыццаджы фæндагыл арвыста... Гæрæхтæ фехъусгæйæ, хъæуы уынгтæм ракалдысты немыиаг салдæттæ. Автоматты къæр-къæр ссыди. Сурынц Илойы. Ило иу хæдзары фарсмæ цъайы доны нылл/æг агъуысты бынмæ баирвæзт. Йæ къухтæ æруæгътытæ кодта данисæн рæ- хысыл. Ныббырыдис уырдыгм-æ. Уæрмы фæрсырдæм разындис мидæмæ къахт. Бæрæг уыд, хæдзары хицау æй йæхицæл æм- бæхсынæн кæй бакъахта. — Æвæццæгæн мын уыцы лæг ме намонд хъысмæт зыдта, йæ къухтæ фæрнæй фæдара, — ахъуы- ды кодта Ило æмæ дзы баныгъуылд. Немыцæгтæ йæ агурынц, фæлæ сæ къухты ницы ’фтыд. Уæдмæ бон дæр ссис. Ныр бын- тон æвзæр уыдзæн хъуыддаг, — сагъæсыл æфтыд Ило, — цæрд- удæгасæй баныг-æдтон мæхи... Æхсæв-бонмæ, уыцы уазал дон- мæ хæстæг, умæл «хуыккомы» йæ уæнгтæ ныссалдысты, уымæй Д’æр ын дзы йæ къах атилæн дæр нæ уыд. йæ къухтæ рæстмæ нал урæдтой пистолет. Фæзынд ыл хуьифæг, æхснырсæг. Иæхи- яу ныддур кодта, фæлæ та-иу уæддæр схуыфыд, ’рыхснырста... Афтæмæй йæ фæфиппайдтой фашисттæ æмæ цъайы уæрмы алыварс, тæлыйау, æртыхстысты. Æхсынц бынмæ, хъæр кæнынц, схиз уæлæмæ, дæхи радт, тæй дын аирвæзæн, зæгъгæ. Немыцаг салдæттæ йæ мыхъхъытæ кæнынц, нæмынц æй юæ цырыхъхъы- ты зæвæттæй... Уальгнмæ сæм рацыд къæсхуьгр, калмы хуызæн унтер-афицер. Йæ уæхсчыты сæрты æлгъаг каст бакодга Йломæ, стæй йæхиуæттыл фæхъæр кодта: — Æчæсæрæнтæ, ацы цъиуы лæппын уæ кодта сугъты цагъд?! Нырма сывæллон куы у, уæд уый æрцахсын уæ бон нæ уыди? Акодтой æмсæ йæ иу къаннэ&г уаты баппæрстой се штаб- Л1æ хæстæг. Æхоæв бонмæ уыцы уазал къæссы фæцис Ило. йæ зæрдæ код йæхиуыл дардта, уæддæр йæ уæнгтæ рызгъæлдысты. Си- хæн кодта, стæй стæвди. Æххормагæй йе ’фсæртæ ныууадысты. Райсом æй штабмæ бакодтой фарста кæнынмæ. Штабы хис- )а^ры раз æрлæууыд. Фæрсьшц æй: — Цы хъуыды кодтай, нæ полициæгты нын куы мардтай, уа^д? т
— Æз дæр салдат дæн! Мæ хæс у знаджы марын! -Æмæ дæ цы разæнгард кæны ахæм хъуыддагмæ? — Æмæ уæд сымах салдæггты цы ^разæнгард кæны? — Мæнæн уыдис Дыууæ хорз æмбалы: Чачанидзе æмæ Гагз- шйн. Уыдон мард фасты уæ къухæй. Æз сын сæ цæсгæмттæй ард бахордтон — сæхи пистолетгæй сын се ’знæгтæй, æшшк- къаддæр, дыууæйы кæй амардзынæн, уый тыххæй. Ныр мæард- бахæрд сæххæст кодтон! Цалдæ,р боны фæстæ Илойы акодтой концлагермæ. ПАРТИЗАНТÆМ 1943 азы августы мæйы æртæсæдæ гуырдзиаджимæ Илойы дæр баппæрстой товарласæн поезты вагоны æмæ сæ аластоп югославиаг горæт Бигачмæ. Ардытæй райдыдта Чертхъойы фырты хæстон царды ног период. «Кæдæмфæнды мæ ласут, джауыртæ, уæддæр ме ’миас фыдбылыз дæн сымахæн!.. — йæхинымæры хъуыды кодта Ило. 1943 азы æртыккæгæм ноябры Бигачы концлатеры уæвæг гуырдзиæгтæ Шалва Сигуайы разамьшдæй сарæзтой «алидзы- ны центр». Бахъуыдис æнæфæтасгæ, фидар зондахастыллæуд бæгъатыртæ равзарын... Æнæмæнгхъæуæг уыд хъуыдыджын, с1рæхстгай архайд æмæ карз конопираци... «Центры хытъдмæ бахаудтой ахæм æууæнкджьш, Райгуы- рæн бæстæйыл й&нувыд адæршæгтæ, куыд А. Мекилашвили, Е. Кадагидзе, А. Чъилашвили, Чертхъоты Ило, Н. Есартия, Хуы- биаты Лексо, Куырдтаты Уано æмæ æндæртæ. Уыдон сусæг баютдзинад сарæзтой югославиаг партизантимæ, юнысан кодтой æхсæв, .сахат... Хъуамæ партизаншæ æвиппайды æрбабырстаик- кой æмæ сын баххуыс кодтаиккой алидзынæн. Гъе, фæлæ сæ уæйгашæг банымыгъта. Гермайнæгтæ юæ хъахъхъæдад фæтых- джындæр кодтой партизанты ныхмæ. Æнæнхъæлæджы фæми- дæг сты концлагеры казарматæм æм;æ дзы лидзынæввонгæй кæй баййæфтой, уыдон иууылдæр æрцахстой. Ило æмæ Уано- йæн дæр сæ бушлаттæ тымбылтыхт уыдысгы. Фæлæ дуары лъинцъ куылдæр фæцыд, афтæ сæ сæ нывæрзæн атъыстой æм-р сæхи фынæйæфсон скодтой... Афтæм>æй та фервæзтысты фыд- былызæй. Гъе, фæлæ иннæтæн <аæ фылдæры фехстой. Æхсгæ дзы кæй нæ фæксдтсй, уыдоны та сау над фæкодтой. Уыцы хъуыддæгты фæстæ немыцæгтæ дывæр фæкарздæр кодтой концлагеры режим. Уысмы бæрц æрулæфт нал лæвæрд- той уæды онг дæр æфхæрд, фæлахс уацайрæгтæн. Дæ бон у уæззау куыст кæнын — ратæр-батæр дæ кæнынц, дое бон нал у—^нæмынц дæ, дæ уд дын æлвасынц... — Бакусут, æмбæлттæ, зæрдиагæй... Мах фæндæгтæ араза^м 712
Югославийы зæххыл, югославиаг фæллойгæнæг адæмæн... Ам баззайдзысты, джауыртæ оæ семæ нæ ахæсдзьюты... Адои сыл рæ|стæгмæ лæг-æрдынц юæ цъыф къæхтæй... — ныфсытæ-иу æвæ- рдта Ило йе ’мбæлттæи. Иу бон ын Хуыбиаты Лексо афтæ зæгъы: «Лæппу, дæуæн дæ ныхæстæ ■сдызæрдыггаг сты... Ма дæ «снатлиа» кæной ацы куыдзы фырттæ? — Знагæй фæнык райс æмæ йын æп йæ цæсты бакал,— фæцæттæ Ило. — Цæй фæнычы ка^йттæ кæныс? — Уый та фендзынæ... Ды мын, енырау, æнæфæта^сгæ у, æн- дæр дæ ницы хъæуы... «Концерттæ» сын фæстагмæ равдисдзы- стæм,— йæ хъæлæсы уаг фæныллæгдæр кæнгæйæ йын зæгъы Ило. — Фæйнæрдæм акæс, куыд ничи дæ фæфиппайа, афтæ мын мæ хæлафы къахыл дæ къухтæ æруадз... Лексо йæ къухтæ æрсæрфта хæлафы къахыл. Цыдæр дзы хъæбæр фæдардта. Скаст æм. Сусæгæй йæ фæрсы, цы у, уымæй. — Дæ дзыхыл хæц. Макæйы цур мацы срæди. Знон вок- залы вагæттæ куы æвдæлон кодтам, уæд мæм бафтыд. Уæззау асыкк куы сæккой кодтон, уæд мæ уæрджытæ мæ быны рыз- гъæлды.сты, нал >æй баурæдтон æмæ мын æрхауд. Асыкк а’саст æмæ дзы цавæрдæр бурцъар стъолы сахаты хуызæн рахауд. Æз æй мæ къухмæ фелвæстон. Исдуг ын ницы æмбæрстон, фæлæ стæй фæфиппайдтон, ифтындзгæ гранат кæй у, уый. Æз дæр æй мæ хæлафы къахы ауагътон, зæгъын, йæ сæр нæ бахъæудзæн. Æууæнкджын æмбæлттæн æй загътон сусæгæй... Сом дæр та уыцы скъладм-æ хæсдзысгæм асыччытæ... Уыдон иууылдæр хæс- тон æрмæджытæ .сты æмæ... Иннæбон нæ уарзон Райгуырæн бæстæн Октябры бæрæгбон у æмæ йыл мах мацы хорздзина- димæ сæмбæлæм? Уыцьт скълад куы басудзæм, уæд уый уы- дзæн нæ лæвар бæрæгбонæн! — йæ хъæлæсы уаг фæбæрзонд- дæр’ кодта Ило æмæ цыма хъуыддаг ныридæгæн арæзт уыд, уьгйау йæ цæстытæ цины ’рттывд фæкодтой. Дыккагбон скълач ныгуыпп кодта, сау сыгъд баци... ИЛО ÆМÆ КАСИНИ ЛУИДЖИ — ÆФСЫМÆРТÆ Бонтæ цыдысты æнкъард, фæлмастæй. Бигачыуæвæг уа- цайрæгты фыдæх карзæй-карздæр кодта >се ’фхæрджытæм. Фа- шисттæ сын сæ туг .нуæзтои æхсныфæй, сæ «фæндагыл» сын ашæрдтой амæй-ай зындæрсæттæн ныхдурт^е. Фæлæ хъæбатыр гуырдзиаг уацайрæгта^ уæддæр архайдтой алидзыныл, сарæз- той фидар бастдзинад лартизантимæ. Гарибалдийы 143-æмбри- гадæйы къамисар <сын рахицæч кодта, партизанты къордма* оæ чи фæхæццæ кодтаид, ахæм фæндагамонджытæ. Афтæмæй 1944 азы 23 апрелы æхсæвы 12 сахатыл 49 гуырдзиаджы алыгъдысты концлагерæй æмæ сæхи радтой хъæдæы. Семæ уы- 713
дысты не ’мзæххонтæ Чертхъоты Ило æмæ Хуыбиаты Лексо дæр. Фæстагмæ афтыдысты Италимæ. Италийы зæххыл рай- дыдта сæ партизанэн тохы ног период. Къордæн йæ къухдари- у&тгæнæг Н. Есартия уыдис, сæ къамисариуæггæнæг та—М. Сшуа. Къорд йæ хæстон операцитæ, сæйраджыдæр, арæзта горæт Пармæйы провинщйы. Партизанон къорды уыдьюты францæгтæ, уырыссæгтæ. голландиæгтæ, италиæгтæ, гуырдзиæгтæ æмæ æндæртæ. Аф- тæмæй й,æ фæстагмæ схуыдтсй «Интернационал». Æмæ? æцæг- дæр, кæрæдзи уарзтой, иу хæдзары бинонтау. Италиаг Макс йæ рахиз цон,г хуыдта Илойы. Ило æфсымæры номæй дзырдта йе ’мкарæн партизан Косини Луиджимæ. Голландиаг Баско, гуырдзиæгтæ Цикъаришвили, Мандзиговайы, хæххон цæргæста? хуыдта. Ахæм æмуддзинад сын сæ уæшты уагъта æнæбасæт- гæ хъару италиаг æмæ немыцаг фаииистты ныхмæ тохы. Бирæ сты, уыцы партизантæ знагæн цы стыр зиæнттæ ра- кодтой, уыдон. Хæлдтой, немыцаг поездтæ цы æфсæнвæндæг- тул цыдысты, уыдон. Уæлдай (стырдæр сгуыхтдзиеæдтæ та равдыстой, Еицайы хохрæбьщ Лагеремоны хъæумæ хæстæг фронтæрдæм цæуæг фæндагыл немыцаг фашистты фæндаг куы æрæхгæдтой, уæд. Æмæ уыцы вазыгджын операцийы хайадисджытæй уыдысты не ’мзæххонтæ Чертхъоты Ило æмæ Хуыбиаты Лексо дæр. Илойы зæрдæйæн уæлдай адджыадæр (^æнис Ратаплан (афтæ .хуьнтой италиаг партизаны) Луиджи Касинийы. Уыдон-иу арæх æрцыдысты æмбæстагон формæйы Пармæйы горæтмæ, сбæрæг-иу кодтой знаджы хæстон объект- тæ, стæй-иу сæ æнæнхъæлæджы ныццавтой. Пымыдисаг уыд, немыцаг гарнизонмæ 28 лæгæй куы ба- бырстой, уыцы хабар. Уыцы операцитæн сын разамынд кодта голландиаг Баско. Æиæнхъæлæджы бабырстæн стыр ахъаз бакодта Хуыбиаты Лексо. Уый бахъуызыд æмæ хъахъхъæиæ- джы æнæ^сыбырт^æ’т амардта... Афтæмæй немыцæгты казарма- йы сæ тæккæ фæлл^дуадзгæйæ баййæфтой æмæ дзы тынг би- рæйы æнусмæ фы«æ°!гæнгæ ныууагътой. Æцæг, партизантыл дæр зиа’н æроыл. Дихаминджиа уым фæмард. Курхули уæззау цæф фæцис, фæлæ йæ раирвæзын кодта Ило. Иу ран æй аргъуанмæ бахаста. Сауджын йæ уд скъуыдта, ше йæ уагъта мидæмæ хæссын, фæлæ йæм Ило марынæй куы бартхъирæн кодта, уæд сыбыртт нал сфæрæзта. Уæззау цæфы Ило схаста, аргъуаны дзæнгæрджытæ кæм ауыгъд уыдысты, уырдæм. Бабаста йыи йæ цæф æмæ йын хæринаг фæрæз кæ- лынмæ ацыд. Дыууæ къуырийы ’йæм уырдæм фæцыдысты йе ’мбæлттæ, стæй куы фæсæрæн, уæд æй акодтой сæ къордмæ. Ахæм хъæбатырдзинæдтæ тынг бирæ равдыста мрон лæппу Чертхъоты Ило. Хъизæмæрттæ та ноджы фылдæр бавзæрста. Фæлæ æрдуйын хидыл ахызт сыгъдæг цæсгомæй, осардта æгас Х1æдзар. Æмæ кæд иу хатт хæсты фронты уыд æнæфæтасгæ ак- 714
тивон хайадисæг, уæд абон та куысты фронты у цæвиттойнаг æмбæстаг. Ило ныртæккæ цæры Тбилисы. Ис ын дыууæ лæппуйы. Йæ цардæй у иттæг райгонд. Куогæта Тбилисы 5-æм дзулфы- цæн заводы кæны электромонтерæй. Заводы директор И. Нио- ладзе, партбюройы секретарь Е. Аникъашвили æмæ йын зав- профкомы оæрдар ахæм характеристикæ дæттынц: «...Нæ заво- ды Чертхъойы фырт йæхи равдыста иттæг хорз кусæгæй... йæ бæрны хæстæ зоны æмæ >æххæст кæны иттæг хорз... Куысты мидæг цæвиттон у иннæтæн дæр. Йæ хорз куысты тыххæй йын радтынц грамотæтæ, æхцайы премитæ. У коммунистон куысты хъазуатон... Заводы æхоæнадон адæмон контролер...» Уæдæ йьш йæ лæджыхъæды тыххæй та бирæ хæттыты фыстой республикæйы газетты дæр. Н. Чъеишвили ныффыета ахæм чиныг: «Гуырдзиаг парти- зантæ Италийы фашисттæй соæрибар кæныны тохы». Уым дæр автор дзуры Илойы сгуыхтдзинæдтыл .дзæвгар. Партизантимæ йын уынæм йæ ныв. Ило арæх исы фыстæджытæ алы æмæ алы рæттæй, скъо- ладзаутæй, ас адæймæгтæй, стыр арфæ йын фæкæнынц йæ хæстон архайдтыты тыххæй. Стыр циндзинад ын æрхаста æрæ- джы йæ италиаг хæлар Ратапланæй ауал азы фæстæ æнæн- хьæлæджы цы фыстæг райста, уый. Мæнæ фыстæджы текст: «...Зынаргъ Ило! Нæ зонын, дæ зæрдыл ма лæууын æви нæ! Мæнæн мæ зæрдыл хорз лæууьис. 1945 азы мæм цы адрес радтай, фæстæмæ ма уым цæрут? Айстай мьш æви нæ мæ фыс- тæг? Фæнды мæ фехъусын дын кæнон, рæхджы Мæскуыйы кæй уыдзынæн, уый. Фæнды м.æ Мæскуыйы кæрæдзийыл куы фем- бæликкам. Æрвитын дын ныв, кæцыйы иумæ систам 1945 азы. Æз уыцы ныб ;нагæй сисын кодтон. Тынг цымыдис кæнын дæ абоны нывмæ. Зæрдиаг арфæ кæньтн дæхиуæттæн. Дæхи Луг1- джи».
Тегаты С. ЦАРДЫ ТАЛАТÆ Мæнæ ацы нывы кæй уынут, уыцы ас лæг дæр кæддæры хæстонтæй у. Федтон, æхсæз æмæ ссæдз азы размæ кæй систа, уыцы къам. Æмæ уым дæр сау аласайыл бадгæйæ ист у. Æр- мæст Хизирæн уæд йæ галиу фарсыл æрттывтытæ калдта цыргъ æх!саргард. йæ уæхскыл — фондзæхстон топп, йæ астæ- уыл— хъатара. Уæдæ куыд, алцы дæр рæстæггай вæййы. Авд æмæ ссæдз азы размæ махыл тахы бон скодта. Не- мыцаг фашисттæ ныббырстой ^нæ Райгуырæн бæстæмæ. Æмæ хæзны-дойнаг лæппу Чибиты Хизиры дæр бахъуыд æфсæддои уæлæдарæс скæнын, къухтæм хæцæнгæрзтæ райсын. — Уæвгæ мамæныл уый размæ дæр иу хатт æрцыдис ахæм рæстæг,— дзырдта Хизир, — Финляндиимæ хæст дæр ма> нæ фæивгъуыдта. О, Хизиры Фыдыбæстæйы Стыр хæст æцæгæйдæр роп- бæгъдæй не ’рыййæфта. Æрмæстдæр иу хъуыддаг. Фиилянди- æгтимæ тохы бонты хуымæтæг салдат уыди, немыцаг лæбур- джытим-æ куы хæцыд, уæд та — афицер. Æниу æй ацы хæсты цалырдæм «симын» бахъуыд! Фыццаг уыд сапер, стæй бæх- джын æфсæддон, уый фæстæ — артиллерист. — Фæлæ уал радзурдзынаш, парашютист куыдæй сдæн, уый... Æмæ мах хъусæм Хизиры ныхасмæ. \ ...1943 азы уалдзыгон бонтæй иуы дивизийы 1к)мандир штабмæ фæсидтис дыууадæс афицермæ æмæ сьш афтæ: «Сы- мах тæккæ ахсæв æрвмтæм’ немыцаг фидæртты чъылдыммæ. 716
Уым уæм æнхъæлмæ кæсынц пæ партизантæ, семæ баиу уы- дзыстут, уæ бæрны уын бакæндзысты батальоитæ. Уыдон, сы- мах сьш командæ кæндзыстут, афтæмæй ныббырсдзысты немы- цæгтыл. Тох цæудзæн дыууæрдыгæй, æппынфæстаг не ’фсади- мæ баиу уыдзыстут. Ма уæ ферох уæд, æмбæлттæ афицертæ, уæлахиз сымахæй тынг аразгæ уыдзæн. Стæй уыл мæ зæрдæ дæр дарын!» Дивизийы командир исдугмсæ фæсабыр, иæ цæстыта* фæ- комкоммæ сты Хизирмæ, сау ирон лæппу, дæумæ та куыд кæеы. зæгъгæ йæ цыдæр хионы фарст бакодта. — Дæ бардзырд æнæмæнг æрцæудзæн æххæстгонд! — йæ рахиз къухы æнгуылдзтæ хъусы сæрмæ авæргæйæ, загъта Чц- бийы фырт. Нæ бауæндыд, æндæр уыцы сахат Хизир дивизийы командирæн, чи зоны, афтæ дæр загътаид: хæдтæхæджы йф цæрæнбонты чи никуыма сбадтис, уымæн та йæ хабар куыд уыдзæн, парашютимæ йæхи куыд хъуамæ раппара? Нæ. Ахæм фарстытæ кæнын фадат нæ уыд — хæст хæст у. Æмæ мæнæ хæдтæхæг Калипины областы зæххыл немыцæг- ты чъылдыммæ парашюттимæ иугай-дыгайæ æппары нæ афи- церты. Æппæты фыццаг ратахтис Чибийы фырт, уый фæдыл иннæтæ, кæмæн йæ къах фæрыстис, кæмæн йæ къух. Фæлæ зæххыл куы ’рынцадысты, уæд зæрдæты цин дардмæ сырдта буары рыст. Мæйдар æхсæвы афицертæ дыууадæсæй цæуынц размæ, боныцъæхтыл баиу сты партизантймæ. Алчи дæр дзы æрлæууыд йæ батальоны разæй. Райдыдта та тугкалæн хæст, дыууæ боны æмæ дыууæ ’хсæвы нæ банцадис сармадзанты, пу- леметты æмæ автоматты «зарын». Сæдæгай немыцаг салдæттæ æмæ афицертæ ам осардтой сæ мæлæт, бирæтæ дзы бахаудта уацары, иннæтæ та лидзæг ф«есты. Партизанты батальонтæ ба- иу (Сты не ’фсадимæ. Æмæ та уæд райдыдта ноджы -стырдæр ныббырст. Уыцы хæсты уæлахизы тыххæй дыууадæс афицерæн сак- каг кодтой хæраиуджытæ, Чибиты Хизирæн радтой «Фыды- бæстæйы Л’æсты» дыккаг къæпкæны орден. Бирæ сты хъæбатыр хæстоны мысинæгтæ. Р1æ зæрдыл ма хорз лæууы Белоруссийы Пинскы стыр цад. Уый лæгæн йæ хъуырмæ кæд кодта, уæддæр ыл 1943 азы фæзз;æджы уазал æхсæвтæй иуы тыхмадзæлттæй баленк кодтой Хизир æмæ йе ’фсæддон къорд. Цад чи хъахъхъæдта, уыцы немыцаг цалдæр салдæттæй иуы дæр удæгас нал шыууагътой. Стæй уæд уыцы ’хсæв ныббырстой фашистон æ|фсæдтыл, дзæвгар та дзы райс- той уацары, бирæ сæм æрбахаудта сармадзантæ, хæстон æндæр техникæ. Уыцы уæлахизы тыххæй дæр Чибигы Хизирæн стыр хæрзиуæг радтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыддæгтæ алы хатт зæрдæйы фæндиаг нæ цыдысты. Хæст стыр фæлварæн у, чи йæ бавзæрс- та, уымæн æй дзурын нал хъæуы. Цал æмæ цал хатты ’рцæуы æфсæддоныл æнæнхъæлæджы цаутæ. Тынг тæссаг уавæры ба- 717
хаудта иу хатт Хизир дæр йæ къордимæ, бирæтæ Дзы уæззау дæфтæ дæр фесты, фæлæ та сын бантыст сæ хæс сæххæст кæнын. Уацары дзæмбытæй фервæзын кодтой сæ дивизийы штаб. Æма> уыцы сгуыхтдзинад дæр æнæсбæрæггæнгæ нæ баз- зади, ног хæрзиуæг та сæрттывта Хизиры риуыл. Рагæй нырмæ зонгæ стæм Чибиты Сламырзайы фырт Хи- зиримæ. Йæ хæстой хъæбатырдзинæдты хабæрттæ йьш фе- хъуыстам, иумæ кæимæ службæ кодта, йæхæдæг Фыдыбэзстæ- йы Стыр хæсты быдыры чи фесгуыхт, уыцы æмбæлттæ Цуциты ^лыксандр æмæ Тохъайты Мæхæмæтæй дæр. Фæлæ удæгас у Чибийы фырт, цæры Ирыстоны кæроинагдæр хъæутæй иуы, хо- хаг цæугæдæттæ Хæзнæ æмæ Æрæф кæм баиу вæййынц, уы- цы арф комы сæрмæ—Хæзны доны’. Хъæуккæгтæй кæйдæрид- дæр куы афæрсай, ам Хйзир кæм цæры, зæгъгæ, уæд дын уай- тагъд бацамондзысты хъæугæрон агуыридурæй амад ног хæ- дзармæ. Мах дæр рог автомашшнæ бахаста ацы бæстыхайы кæртмæ. Зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас кæнæм Хизиримæ, йе ’рыгон хуызæй йæм ницыуал ис, цæсгом фенцъылдтæ, сæры хъуынтæ сурс сты. Зындысты нæм, буарыл хæст кæй ныууагъ- та, хостæ кæй сдзæбæх кодтой, уыцы цыппар цæфы фæдтæ: оæ иу — ныхыл, :иннæ — къухыл, апнæтæ — цæсгомыл. Мæнæ кæсæм ордентæ æмæ майданты æвдисæндартæм. Аст сты. Советон Æфсады капитан Чибиты Хизир йæ ныййарæгмæ куыд фыста, хъуыддаг афтæ рауади. Æрхæццæ ис уæлахиз. Адæм риуыдза,г сулæфыдысты. Стыр тохы уæвæг хъæбатыр лæппутæ дæр сæрыстырæй здæхтысты сæ райгуырæн хæдзæрт- тæм. Уыдонимæ уыд Чибиты Хизир дæр. йæ зæронд мады ма удæгасæй сæййæфта. Лæппу æмæ ныййарæг кæраадзийы ныхъ- хъæбыстæ кодтой. Зæронд Борæханмæ хæсты быдырæйг сыз- дæхтысты йæ хистæр фырттæ Даукуй æмæ Давид дæр, фæлæ... сахъатæй. Даукуй бынтон æнæ къæхтæй баззадис. Ныййарæг мадмæ хæстæй нал сыздæхт йæ цыппæрæм лæппу Тазе. Сау гæххæтт хъусын кодта сау хабар: «Дæ фырт Чибиты Тазе хъæ- батырæй фæмарди Райгуырæн бæстæйы сæраппонд тохы». — О, хæст йæ кæнонтæ бакæны. Мауал уæд йæ кой дæр! Сабырдзинад уæлахиз кæнæд зæххы къорийыл. Уый сæраппонд фæллойы дæр раззагдæрты æмрæнхъ цае- уы Чибиты Хизир. Уæлахизы бон æй æрæййæфта хъæдгæсæй кусгæйæ. Райсомæй куы ’рбарухс вæййы, уæд йæ сау аласа- йыл араст вæййы, дыууæ мин гектары чи ахсы, уыцы хъæдтыл, цæсты гагуыйау сæ хъахъхъæны, зæронд бæлæсты фарсмæ са- дзы ног талатæ, сабыр царды, цины æмæ амонды талатæ.
Голоты Владимир, Пухаты Илъя ХÆСТОНЫ ФÆНДАГ Карелы станц. Æфсæддон эшелон фæцæуы Хашуры ’рдæм. Дыууадæсаздзыд цъæхдзаст лæппу лæууы æмæ йæ цæстытæ нæ исы сырхæфсæддонтæй. Вагон вагоны ивы. Зарынц, хъуы- сы уырыссаг фæндьиры мелоди. Станвд раз лæууæг адæм сæ къухтæ тилынц, фæндараст кæнынц, вагæтты цы æфсæддонтæ бады, уыдоны. — Дада, хæстмæ цæуынц? — фæрсы лæппу йæ цурылæу- уæг зæронд лæджы, йæ фыды фыды. — Кæм ис хæст, æнæуи цæуынц, — дзуапш радта зæронд лæг. —Æмæ ’нæуи кæдæм иæуынц? — Æвæццæгæн сын маневртæ ис. — Маневртæ та цы сты? — Хæсты фæлварæн, иутæ сырхытæ вæййынц, иннæтæ та урсытæ æмæ схæцынц, æрмæст æцæг нæмгуытæ не ’хсын бай- дайынц. — Цæмæннæ? — Куы сдынджыр уай, уæд æй базондзынæ. Цом ныр. Ал- цыппæт зонын дæ кæд фæнды, уæд хуыздæр ахуыр кæн, —• тызмæггомау хъæлæсæй йын загъта фыды фыд. Зæронд лæг уыд Имерхеуы хъæуккаг Чилæхсаты Захар, лæппу та йæ фырты фырт Зелим. Уыцы ’хсæв лæппу фын федта, цыма йæ æфсадмæ акодтой, уыд ыл сырхæфсæддоиы формæ æмæ уырыссаг æмбæлттимæ поезды фæцæйцыд. Мæнæ, гъе, разынд Карелы станц. йло разы бирæ адæм лæууы æмæ æфсæддонтæм сæ къухт^е ти- 719
лынц, фæндараст сæ кæнынц. Уæртæ адæмы ’хсæн ауыдта йæ фыды фыды дæр. Уый дæр йæ къух, иннæтау, тылдта æмæ иронау хъæр кæны: «Фæндараст у, Зелим. Маневрæты дæ куы æхсой, уæд-иу ма фæтæрс, сæ топпыты æцæг нæмгуытæ нæ уыдзæн, мæнт нæмгуытæй дæ æхсдзысты». Зелим ахуыр кодта Згъудеры скъолайы, бæллыдис, тагъ-г дæр куы бадынджыр уа<ид, æфсадмæ нæ куы акæниккой æмæ, йæ дадайы загъдау, алцы дæр’ куы базонид. Азтæ, мæйтл» фæд-фæдыл кæд кæрæдзийы ивтой, рæстæджы цалх æнæрын- цойæ йæ тылд кодта, уæддæр Зелиммæ кастис афтæ, цыма рæстæг змæлы тынг сындæг, йæхæдæг дæр нæ рæзы, фарон, æндæраз цы уыд, ныр, дæр уый у. 1940 азьт Зелим каст фæци астæуккаг скъола. Уыцы аз æм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Æфсæддон скъолайы Зелим уыд, иууыл хуыздæр чи ахуыр кодта, уыдон æхсæн. Тьшг цымыдис кодта алыгъуызон хæцæн- гæрзтæ ахуыр кæнынмæ. Политикон ахуырты дæр фæстæ нæ зад. Германы фашизм хæстмæ куыд цæттæ кæны, уый тыххæй сын сæ ахуыргæнджытæ бирæ дзырдтой. 1941 аз, июнь. Хуыцаубон. Зелим æндæр курсанттимæ фæнд кодта улæфты бон горæты музейты арвитьш. Фæлæ сæ æхсæвы- цъæхæй фестын. кодтой æмæ сын расидтысты æбуалгъы уац: фашистон Герман мæнгард æгъдяуæй æрбабырста Советон Цæдисмæ. Хæст райдыдта... ...Курсант Чилæхсайы фырты арвыстой æндæр ранмæ, тагъд-тагъд хæстон хъуыддаг кæм хъуамæ сахуыр кодтаид, ахæм курсытæм. Цыппар мæйы дзы ацахуыр кодта. Лейте- нанты ном ын ратгæйæ, Зелим араст фронтмæ. йæ адæм, йæ уарзон райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс æххæст кæнынмæ. Снысан æй кодтойротæйы командирæй. Тохтæ цыдысты Цæгат Ирыстоны зæххыл. Зелим йæ дæлбар хæстонты разæй цыд æмæ хъæбатырæй тох кодта. Уымæ кæсгæйæ, йæ хæстон- тæ дæр ныфсджынæй бырстой размæ. Хъустæ къуырма кодтой сармадзанты æхстæй, бомбæты фехæлдæй, пулеметты æмæ млнометты къуыззитт æмæ æхсидтæй. Зынг æмæ туг фестад бæстæ. Фашисттæ сæхи æрфидар кодтой Хъæдгæроны. Зелим уым никуы уыд, фæлæ йьш йæ ном хъуыста: сæ уарзон ахуыр- гæнæг Агуыбе уыцы хъæуккаг уыд. Зелим йæ ротæйы хæс- тонтæн бамбарын кодта, сæ разы сын полчы командæкæнынад цы хæс æрæвæрдта, уый. Уыд æмбисæхсæв. Скуыстой нæ сар- мадзантæ. Фæстæдæр абырстой танкæтæ. Чилæхсайы фырты ротæ хъуамæ батыдтаит знаадш хъахъхъæньшад æмæ хъуамæ бабырстаид цæгаты ’рдыгæй. Танкæты фæдыл цырд уадысты ротæйы хæстонтæ. Сæ командир æд автомат згъорста сæ ра- зæй. Сцырын джебогъæй тох, Хъæдгæроны ссæрибар кодтой. Бынæттон цæрджытæ се ’мбæхст бынæттæй уынгтæм рацы- дысты. Сæ цинæн кæрон нал уыд, тыхстысты æмæ пъатæ код- 720
тСн сырхæфсæддонтæн, фашнстон сау рынæй сæ чи ссæрибар кодта, уыдонæн. Мæнæ иу зæронд ус атыхст Зелимы æфцæ- гыл, фырцинæй йæ цæстысыгга йе ’нцъылд рустыл згъорга; йын пъа кæны йæ ныхæн. «Мæ -хъæбултæ, уæ рынтæ бахæрон, уьты лæгсырдты чи фесæфта». Зелим æм иронау сдзырдта. Зæронд ус ыл дыккаг хатт йæхи баппæрста, пъатæ йыи кæны. Сæ цуры февзæрдысты æн- дæр устытæ, зæронд лæгтæ, сывæллæттæ. Зелим сæ фæрсы, Дадриаты Агуыбейы зонут, зæгъгæ. «Куыннæ йæ зонæм, Гуыр- дзыстоны ахуыргæнæгæй куыста. Ды йæ кæцæй зоныс? «Æз уый ахуыргæнинаг уыдтæн»,— зæгъы сын Зелим. — О, бирæ нын цæрай, Уастырджы æмæ Иры зæдтæй фæ- дзæхст у, фæстæмæ гас хæдзар цы ссарай, уыцы амонд дæ уæд! — арфæ йын кæны зæронд ус. Зелим атындзыдта. Фæсте йæм кастысты хъæуы цæрджы- тæ æмæ йæм сæ къухтæ тылдтой, фæндараст æй кодтой, иу *атт Карелы станцы адæм сырхæфсæддонты куьтд фæндараст кодтой, афтæ. Советон ииформбюро фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы цур Сырх Æфсады стыр уæлахиздзинады тыххæй. Нæ федтой фа- шистон абырджытæ Ирыстоны столицæ Дзæуджыхъæуы, Сырх Æфсад сын аккаг ныхкъуырд’ радта æмæ лидзынмæ фесты. Фæстейæ сæ сырдтой мах æфсæдтæ, се ’ккой, цæргæсау, бад- тысты æмæ сын кодтой иу зиан иннæ зианы фæдыл. Зелим йæ ротæимæ хæсты иу цæхæрæй иннæ цæхæрмæ хауд, нæ йæ ’вдæлдис, æгæрыстæмæй, хæдзарæй цы фыстæ- джытæ иста, уыдонæн дзуапп радтынмæ дæр. Дыгуры зæххыл Ираны хъæуы ссæрибар кæныныл тох кæнгæ- йæ, Зелим фæцæф, йæ галиу къахы стæг ныцъцъæлис. Йæ къах ын гцпсы нывæргæйæ, хуыссыд госпиталы фыццаг Махачкала- йы, стæй та Ереваны. Госпиталы хуыссыд, фæлæ йæ з*æрдæ зехсайдта йæ ротæмæ, йæ хæстонтæм. Уый сæм арæх æрвыста фьистæджытæ, куырдта сæ, цæмæй йæм хъусын кодтаиккой сæ хабæрттæ. Цыппар мæйы фæстæ та лейтенапт Чилæхсайы фырт йæхи абæлццон кодта хæсты быдырмæ. Ныр уый уыд фæлтæрд аф^и- цер, хæсты цæхæры чи бахсыст, ахæм. Ныр нал тарст сарма- дзанты богъæй, бомбæты спырхæй, нæмгуьтты æхсидтæй. Са- хуыр æмæ сфæлтæрдта хæсты музыкæйыл. Уыд 1944 хæстон азы уалдзæг. Æфсæддон хай лæууыд цæугæдон Хуссар Бугы цур. Бардзырд уыд: доны сæрты ахи- зын æмæ знаджы уырдыгæй фæсурын. Донæн йæ иу былæй иннæ былмæ уыд цыштарсæдæ метры бæрц. Уыд арф æма> уазал. Знагæн доны фаллаг былыл уыд фидæрттæ, бирæ æф- сад. Уырдыгæй комкоммæ, йæ армы тъæпæнмæ кæсæгау, фæл- гæсыд донмæ. Нæ хæстонтæ тъиуитæ æмæ бæлæгътæ æрцæттæ кодтой. Æнхъæлмæ кастысты сармадзанты æмыхстмæ. Уыдон сæ хъо- Аъ* 721
мысджын æхстæн хъуамæ сифтонг кодтаиккой доны сæрты ахизын. Æхсæв. Афон у. Æвиппайды тар æхсæв, арвы ферт- тывдау, фæрухс. Уый уыд ракетæ — сармадзантæн сигнал. Райдыдтой æхсын. Цæхæркалгæ тахтысты «Катюшæты» нæм- гуытæ. Доны фаллаг был зынг фестад, сыгъдис. Знагæн йæ сæр схъил кæныны фадат нал уыд. Уыцы рæстæджы æфсæд- дон хай тъиуитыл хъавгæ фæцæйхызт доныл. Фæлæ знаг дæр афтæ æнæрхъуыды кæм уыд. Уæдмæ йе ’муд йæхимæ æрцыд æмæ æхсын райдыдта донылхизæг æфсæдты. Дон æхсыстие, бæлæгътæ æмæ Тъиуитæ дæлдон кодтой, фæлæ æфсæддон хай уæддæр размæ бьирста. Доны фаллаг былгæронмæ куыд фæцæк- хæццæ кодтой, афтæ лейтенант Чилæхсайы фырт, йæ автома- гыл бæрзонд схæцгæйа\ ньпхъхъæр кодта «мæ фæдыл», зæгъгæ æмæ æппæты фыццаг йæхæдæг агæпп кодта. Ам дæр та лæгæй- лæгмæ тох сцырын. Мах æфсæдтæ знаджы фæсырдтой Бугы былæй æмæ дзы сæхи æрфидар кодтой. Уæлдæр командæкæ- нынады бардзырд æххæст æрцыд иттæг хорз. Фыдæлтæй ныи баззад уæлахигуæвджытæн кад кæпьш.. Сæйраг хистæр командæгæнæг хъæбатыр æфсæддонтæн раар- фæ кодта æмæ бузныг загъта. Уыцы тохты нууыл хъæбатыр- дæрæй йæхи чи равдыста, уыдоны та схорзæхджын кодтой ор дентæ æмæ медалтæй. Фыццаг хæстон хорзæх — «Сырх Стъа- лыйы» орден йæ риуыл бакодта лейтенант Чилæхсайы фырт дæр. Советон Гарзджын Тыхтæ ссæрибар кодтон нæхи зæххытæ. Ныр тохтæ цыдысты сыхаг паддзахадты территорийыл. Зелим цьг æфсæддон хайы уыд, уый хæцыд Австрийы. Уыд 1945 азы уалдзæг. Тохтæ цыдысты горæт Венæ сисыныл. Зелим пыр уыд ба- тальоны командиры хæдивæг. Йæ риуæй æрттывтой дыууæ хорзæхы — «Сырх Стъалы» а>мæ «Фыдыбæстæйон хæсты» ор- лептæ. Тох йæ тæккæ тæмæны куы уыд, уæд батальоны ко- мандир фæцæф. Командæкæныны хæс йæхимæ райста Зелим æмæ атакæйы акодта йæ батальоны. Цæрмтты заводы цур ныхмæлæууæг æрцахста хорз позици æмæ мах æфсæдтæн нæ лæвæрдта размæ бырсыны фадат. Батальон штурмæй абырста заводмæ æмæ йæ систа. Уый фадат радта нннæ æфсæддои хæйттæн горæтмæ бырсынæн. Ацы операцийы рæстæджы Чилæхсайы фырт хъæбатыр- дзинад кæй равдыста æмæ дæсны æгъдауæй батальонæн кæй командæ кодта, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой «Алек- саидр Невскийы» орденæй. Кавказы, Ирыстоны зæххыл фыццаг хæстон фæлварæн райсгæйæ, ирон хæстоны уæлахизы фæндаг ацыд Украинæйыл, ахызт арæнтæй æмæ цыд Румыни, Болгари, Венгри, Югослави æмæ Австрийы терроторитыл. Уæлахизы бон æй æрæййæфта Австрийы горæт Линцы цур. Уый фæстæ дæр Советон Гарз- джын Тыхты æртæ аз æмæ æрдæджы бæрц службæ кодта æма^ х^ахъхъæдта советон адæмы сабырадоп куыст. йæ ахуыргæ- 722
нæджы фæдзæхст æххæст кæнгæйæ, ирон цæхæрцæст лæппу Зешимы бахъуыд хæсты быдыры мæлæтимæ иумæ æмдзу кæ~ нын. Цыппар хатты фæцæф. йæ хъуыдыйы дæр никуы уыд’ фронт ныууадзын. Æххæстиу йæ хъæдтæмттæ нæма байгас сты, афтæ та-иу йе ’фсæддон хызьтн йе ’ккой баппæрста æмæ араст тох кæнынмæ, йæ адæм æмæ Райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс фвдынмæ. 1948'азы æрæздæхт æфсадæй æмæ.уæдæй фæстæмæ кусы бæрнон бынæтты. ...Мæ ротæйы бирæ хъæбатыр хæстонтæ уыд, — арæх æры- мысы Зелим.—Абон дæр мæ нæ рох кæны ротæйы комсорг Колкота, украинаг хъæлдзæг лæппу. Мæлæтæй бынтондæр нæ тарст. Иууыл зындæр-иу кæм уыд, уым-иу февзæрд.. «Тæппуд- тæм нæмыг æмхиц у», — дзырдта-иу уый. Фæлæ иу тохы уæззау ’фæцæф. Санитартæ йæ насилкæйыл ахастой. Хæст фæ- цис, азтæ цыдысты. Дыууæ азы размæ, ома хæст фæуынæй ссæдз азы фæстæ, улæфын Гагрæйы. Кæсын æмæ дæлæ Кол- кота æрбацæуы. Мæ цæстытæ аууæрстон, кæд мæ, зæгъын, сай- гæ кæнынц. Кæсын æм, нал дзы исын мæ цæстытæ. Уый дæр мæ ауыд'1а æмæ мæм худгæ æрбазгъордта «Дорогой мой ко- мпндир» дзургæ. Кæрæдзийæн ахъа^быстст кодгам, цины цæстысыгтæ, фафд гуытау, æрызъорстой иæ рустыл. Бирæ фæбадтыстæм, ка*ра>- дзи фæфæрстытæ кодтам. Кусы Мæскуыйы, йæ адрес мын рад- та, уазæгуаты, дам, нæм æрцу, базонга^ у мæ бинонтима*». Æнæхуыссæг хæстон æхсæвтæ, бирæ стыр æмæ чысыл тох- тæ чи бавзæрста,' уый цæрæнбонтæм иæ ферох кæндзæн, уæ- лахизмæ фæндаг куыд зын уыд, уый. Чилæхсайы фырт дæр æй нæ рох кæны. йæ дæсаздзыд лæппуйыл фыд ныттыхсы æмæ йын бафæдзæхсы: — Рæз, мæхъæбул! Уыцы амонд дæуæд, æмæ хæстдæ цæргæ- цæрæнбонты куыд никуы фенай. Фæла* да^ кæд искуы хæцыны сæр бахъа>уа, уæд фæхтæ мя фæлæу. Уымæй худинагдæр мах мæ никуы ницы уыд. Бамбæрстап мæ, хъæбул? — Бамбæрстон, папæ! — Омæ, уæдæ афтæ. 72$
Асаты Реуаз ÆВДДÆС ХОРЗÆХЫ... Диссаджы хъæздыг биографи ис мæ хъайтарæн. Ныхасы бар ын радтам йæхицæн: — Валодя, радзур-ма, дæ хорзæхæй, дæ царды хабæрттæ. — Табуафси^ фæлæ цы радзурон, — дзуапп мын радта æф- сæрмдзæстыгæй тохвæллад хæстон Чилæхсаты Владимир: «Мыггагæй мæ ма фæрс, — Уæздан лæг нæ дæн; ■ Мæ уындмæ мын ма кæс, — Нæ бæззын чызгæн». Фысгæ афтæ кæнын, цыма Къуернеты хъæуы райгуырдтæн. Фæлæ æцæгæй та райгуырдтæн Гуры. Уæд, ома 1916 азы, мæ фыд Федыр æххуырсты куыста уырдыгон хъæздыгмæ. Куыста Чъиатурайы маданты дæр. Фыдцардæй амардис 1918 азы. Сидзæрæй нæ ныууатъта мæ хистæр æфсымæримæ. . Гуырдзыстоны меньшевиктæ Хуссар Ирыстонмæ куы бабырс- топ, уæд зымæджы хъызты мах^нæ мад æнахъомтæй Зикъара- йы æфцæгыл ахизын кодта Цæгат Ирыстонмæ. Хъомыл нæ кодта нæ фыды ’фсымæр. Фæстæмæ куы рыздæхтыстæм, уæд лзз астаздзыдæй райдыдтон æххуырсты кусын: Тамарашены, Дыргвисы, Никозы, Чъребайы... 1929 азы ахуыр райдыдтон ликбезы. Уый фæстæ цардагур ахаудтæн Къахетмæ. Фынддæсаздзыдæй мæ колхозмæ айстой Джугъааны хъæуы. Скъоламæ дæр цыдтæн. Стæй та фæстæмæ Цхинвалмæ ралыгътæн. Типографы куыстон мых*уыргæнæн машинæйыл æххуысгæ- нæгæй. Мæхи цæттæ кодтон рабфакмæ бацæуынмæ. Фæлæ та мæ1 мæ уæззау царды уавæртæ фехстой Хъемултамæ, мæ мады 724
’фсымæртæм. Уым ахуыр кодтон 6-æм къласы. Стæй та—фæс- тæмæ Цхинвалы типографимæ. Фæкуыстон дзы мыхуыргæиæ- гæй дыууæ азы. Изæрæй та ахуырмæ цыдтæн рабфакмæ. Айс- той мæ фæскомцæдисы рæнхъытæм. Фæстæдæр куыстон фæс- комцæдисы обкомы бæрноы инструкторæй, бюройы уæнгæй. Æрбалæууыд 1938 азы фæззæг. Мæхи фæндæй ацыдтæн Сырх Æфсады рæнхъытæм. Дард Хурыскæсæн, Сыбыр. Красно- ярскы уыдтæн рæнхъон салдат. Каст фæдæн полчы скъола. Куысгон политручы хæдивæгæй. Ногæй та ахуыр — Новоси- бирскы æфсæддон-политикон ахуыргæнæндопы. Хæсты размæ æз уыдтдзн минаметон батарейы къамисар. Уыцы дуджы, ома 1940—41 азты каст фæдæн æфсæддон-поли- тикон кусджытæ цæттæгæнæн ахуыргæнæндон Лепельскы. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уæд куыстон Бар* наулы ’ æфсæддон-минаметон ахуыргæнæндоны. Æртæ хатты рапорт ныффыстон, фронтмæ мæ арвитут, зæгъг<æ. Бирæ фæ- радзур-бадзуры фæстæ мын командæкæнынад сæххæст кодта мæ куырдиат. 1941 азы фæззæджы мæ ауагътой хæстма\.. Нæ, ууыл нæ фæци мæ хъайтары биографи. Уый, 42-æм ’ Сырхтырысаджын хицæн фистæгæфсæддон бригадæйы диви- зионæн къамисар уæвгæйæ, хайад иста Мæскуыйьт цур карз тохты. Стæй Калинины фронт. Æмæ уырдыгæй та бахаудта Цæгат-,хурныгуылæн (фронтмæ. Бирæ диссаджы эпизодтæ уыдис Чилæхсаты Владимиры хæстон царды фæндагыл Мæскуыйæ, Сталинградæй суанг Бер- лины онг. Чи сæ фæнымайдзæн. Æхсæз ордены æмæ иуæндæс медалы райсып хъазæн хъуыддаг мыййаг нæу! Карз тохтæ бацайдагъ сты Новгороды областы хъæу Но- вая, зæгъгæ, уый ссæрибар кæныны сæрыл. Уый уыдис 1942 азы тъæнджы мæйы. Январы хъызты астæумæ митыл быры- дысты 12 урсхалатджын разведчикы, сæ сæргъ дивизионы къа- мисар Чилæхсаты Владимир, афтæмæй. Цæмæй сæ знаг ма фæхатыдаид, уый тыххæй сæ хæцæнгæрзтæ дæр тыхт уыдысты урс марлатæй. Хъæумæ бацæуæны цыдæр сау дардта. Уым уыдис къудзитæ. Сæ гуыбыны цъарыл сæм бабырыдысты æх- сæвыцъæхæй. Фæ!гæппытæ кодтой æмæ «Ура» хъæргæнгæйæ, ихуарæгау, нызгъæлстой немыцаг-фашисттыл. Къæр-къæр код- та къам^исары автомат. Фæлæ уалынджы йæ хæцæнгарз цы* дæр кодта. йæ хъуыры фæбадтысты гилдзытæ. Хъуыддаг’уыс- мытæ кæм скъуыддзаг кодтой, уым автоматы бæсты пистолет фелвæста. Фыццаг хæдзар. Уым немыцæгтæ нæ уыдис. Дыккаг хæдзарæй рагæпп кодта дыууæ фашисты. Рæстдзæвин къами- сар сæ митыл æрфæлдæхта. Сæ иуæн дзы йæ винтовкæ фел- вæста. — Мæ фæстæ джебогъæй хæстмæ! — бардзырд радта къа- мисар. Нæ хæстонтæ абырстой размæ. Чилæхсайы фырт пу хæдзарæй багæпп кæпы нннæ бгтстыхаймæ. Дуар батыдта 725
-топиы хъæдæй. Джебогъ фæзылдта æмæ йыл немыцаг æр- бахаудта. Дæ балгъитæг дæр афтæ! Советон разведчиктæ сæрибар кæнынц иу хæдзар иннæйы •фæдыл. Хинæйдзаг знаг карзæй ныхмæ лæууы. Уæдмæ æрба« хæццæ махонты разведкæйы хистæр. Æвзонг хæстон Деев ^смæ лейтенант Черненко сæ тых-сæ бонæй ныхъхъæр кодтой: — Æмбал къамисар, уæлхæдзарæй немыцæгтæ гранæттæ æхсынщ, дæхи хъахъхъæн! — немыцæгтæ гранат аарбаппæрс- той. Чилæхсайы фырт æй фелвæста æмæ сыл æй фæстæмæ фехста. Уый срæмыгъдæй немыцаг дзыхъмард фæцис, 12 хæстонимæ Чилæхсайы фырт систа хъæуæн йе ’мбис. Æнæхъæн бон фæтох кодтой. Уæдмæ махонты æххуыс æрба- хæццæ æмæ изæры æхсæвæрафон хъæу сæрибар æрцыд. Зна« джы гарнизон бынтондæр ныддæрæн кодтой. Тохы быдыры банымадтой 134 немыдаг салдат æмæ афицеры марды. Уымæй фылдæр та сæ уацары ракодтой. Стæй дарддæр размæ бырс- Л’ой æмæ бирæ тохты фæстæ сæ бригадæ сиу ис Цæгат-хур- ныгуылæн фронтимæ æмæ немыцаг 16-æм армийы æрхъулайы .цæг балхынцъ кодтой Демьянскы районы. Уым нæ хæстонтæ хьахъхъæдады куьГ ’рлæууыдысты, уæд дæр къамисар æру- лæфт, æрынцой нæ ардта. Кæмдæр самал кодта снайперы хæ- цæнгарз æм,æ знæгты рæстдзæвинæй куынæг кодта иугай-ды- гай. Калинины фронты уый сæрмагонд йæхæдæг скуынæг код- та 38 фашисты. - -Уал хæстонимæ дæ ныфс куыд бахастай хъазу ссæрибар- кæнынмæ абырсын»? — хыл æм кодта бригадæйы командир, ^Фæлæ йæ дыккаг бои бавдыста хорзæхмæ. Уыцы сгуыхтдзинады тыххæй’Чилæхсаты Владимиры ри- уæй рафидыдта фыццаг хорзæх —«Сырх Стъалыйы» сфден. Бригадæ немыцаг-фашистон тыхæйисджыты ныхмæ тохты стыр арæхстдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йæ рарвыстой Сталинграды фронтмæ. Знаг карзæй бьтрста Волгæйы дон- •былгæрæттæм. Бригадæйы стæры фыццаг эшелоны разæй уыдис Чилæхса- йы фырты 122-миллиметрон минаметон дивизион. Дæргъвæтин æмæ иттæг зын хæстон стæр хорз кæй сорганизаци кодта, по- литикон куысты фæлтæрддзинад æмæ хæсты быдыры йæхи сæрмагопд цæвиттонæй хæстонты кæй разæнгард кодта, уый фафцы уыцы эшелон Сталинграды фронтма? æрхæццæ æнæ* зпанæй. Чилæхсайы фырты дивизионæй цы хæстонтæ фæхъуыд л?мæ фæцæфтæ сты, уьтдон баххæст кодтой Цæгат фронтæй æрцæуæг денджызонтæ. 70 хæстоны ма <ракуырдта бригадæйы командир булкъон Батраковæй (ацы мыггаг фехъусгæйæ-иу Валодяйæи йæ ца^стыл ауадысты, чысылæн æххуырсты кæй цыд, уый, дзырд «батрак» æххуырст кæй нысан кæны, уымæ гæсгæ. Æниу фронты æнцондæр кæм уыд — мæлæт æм æрвыл уысм дæр топпы кæсæнæй куы кастис). 50 хæстоны йын рад- той нвароитам’’г, мæиæ «уæлдайаг» кæй хуыдтой, уыдонæй. 720
Волгæйы сæрты тых æмæ амæлттæй ахызтысты æхсæвы- .гои. Райсом раджы сыл немыц сæхи ныццавтой. Уыдон æнæн- „чъæлæджы февзæрдысты раззаг хаххыл. Тох сцырын. Ныхмæ- лæууæджы хæдтæхджытæ райсомæй фæсахсæвæртæм афтæ тынг згъæлстой бомбæтæ нæ позицитыл æмæ адæймагæн йæ сæрыл схæцыны фадат дæр нæ лæвæрдтой. Махонтæ къахтой уьгнгæг траншейтæ, иуæй, рæстæг кæй нæ уыд æмæ, иннæмæй та уынгæг акъопты бомбæйы схъистæй къаддæр тас кæй уыдис. уымæ гæсгæ. Хæдтæхджытæ куынæуал калдтой бомбæтæ, уæд Чилæхса- йы фырты стыхджынгонд дивизионы хæстонтæ минаметтæй æхсын райдыдтой знаджы. Уый фæстæ не ’фсæдтæ хъазуат <5ырсты ацыдысты Уæлмæрдты районы. Къамисар ауыдта иу зенитон сармадзан æмæ дзы æхсын райдыдта: — Джебогъæй ныббьирстмæ чи цæуы, уыдон — ардæм! — телефоны фæдзырдта командон пунктæй Чилæхсайы фырт. Мууылдæр раивылдысты къамисары ’рдæм. — Нæ, афтæ нæ! Уе ’мбис — джебогъæй хæстмæ, уе ’ннæ ’мбис та — минаметæм æхсæнт! — цæхгæрд?й загъта къамисар. Уый уыдис 1942 азы 13 сентябры. Уыцы бон нæ хæстонтæ -æхсæз хатты цыдысты джебогъæй хæстмæ, дыккаг боп та — цыппар хатты. Æмæ алы тохы дæр разæй уыдис къамисар Чилæхсайы фырт. Йæ командир та йын дивизионы минометты зынгæй æххуыс кодта. Знаджы æппæт атакæтæ фæстæмæ æп- пæрст æрцыдысты. Уæд та, дын, иу хатт тох сцырын. 1-аг статийы старшишг, уæйгуытæконд денджызон хæстон, къамисары разæй фæцие æмæ йын йæ тæккæ æхсæрфарсдзн иу сæндæгъта. Чилæхсаш>> фыртæн йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Йæ тъæпп зæххыл сæмбæлд. Фæлæ тохы быдыры ницы бамбæрста, цы ’рцыдис, уымæн. Уый афтæ фенхъæлдта, карз, æнæмсæр тохы уыцы хæстоны психикæ фæхæццæ, йæ нервтæ йæ коммæ нал бакас- тысты æмæ мæ уымæн ныззæлланг кодта, зæгъгæ. Фæлæ хъуыддаг бьштондæр афтæ нæ уыд. Изæрырдæм тохы арт- дзæст куы ’рнымæг, уæд’денджызон старшинæ хатыр ракуырд- та къамисарæй æмæ йыи æфсæрмдзæстæй загъта: — Мæн фæндьтд, цæмæй дæ немыц ма амардтаиккон, а^м- оал къамисар! Дыууæ боны тохты дивизпоны хæстонтæ фæстæмæ аппæрс- той знаджы дæс атакæйы æмæ фæцагътой ныхмæлæууæджы 500 салдат æма> афицерæй фылдæр. Чилæхсайы фырт йæ эпизодтæ куы радзуры, уæддæр æп- пæты фьтццаг фæкæны йæ хæстонтæ æмæ афицерты кой. Æмæ уыцы цæвиттонтæ исы, хæсты рæстæджы цы бонæгтæ фыста уырдыгæй. Дзырдæн, уæлдæр æрхачсгæ ха^стон операциты сæхг. хъæбатырæй равдыстой сырхæфсæддонтæ Белоконев, Гнедой. Белоконь, кæстæр лейтенаит Плиты Д. (уый фæстæ тохы бы- лыры хъæбатырæй мард фæцнс), фæскомцæдисоп дæлхайьт 727
коматдир В. Ратаев, къамисары раздæры ординарец, ныртæк- кæ дæр ма Чилæхсайы фыртмæ фыссы фыстæджытæ. Уыцы хæстон операциты лæджыгъæд æмæ æхсардзинад равдисыны тыххæй Чилæхсаты Владимиры риуыл нæ комач- дæкæнынад басагъта «Сырх Стъалыйы» дыккаг орден. Активон хайад райста не ’мзæххон горæт Сталинграды уынгты мæлæтдзаг тохты. Уæд раразмæгонд æрцыд дивизиочы командирæй. Йæ хъавæн пункт уыдис Мамаев Курганы бæр- зæндыл. Ацы обауæй Чилæхсайы фырты хæстонтæ немыцаг фашистты афтæ тынг æхстой, æмæ фыртасæй се уонджы мигъ бадтис. йæ командон пунктæй знæгтыл тугуарæн кодта ды- къахыг сырдтыл диссаджы рæстдзæвин цуангæнæг Сталин- грады эпопеяйы зынгæ снайпер Зайцев. Уый йæ хæцæнгар- зæй фæцатъта 300 гитлеронæй фылдæр æмæ йын лæвæрд æр- цыд Советон Цæдисы Хъайтары ном/ Бригадæйы та фронтæй ракодтой, баххæст æй кодтой ног удæгас тыхтæй æмæ хæстон техникæйæ. Иу цасдæр аулæфы- дысты æмæ та карз тохтæ самадтой Курскы къæлæтгонды. Знаджы фæстейæ сырдтой. Бахæццæ сты горæт Севскæн йæ хуссарварсмæ. Немыцаг тыхæйисджытæ сæ æрурæдтой. Ма- хонтæ хъахъхъæдадон тохтæ кодтой 1943 азы июнмæ. Аразын райдыдтой танкæтæ куынæггæнæн полктæ. Чилæхсайы фыр- тæн бахæс .кодтой 1-аг батальоны бындурыл полк саразын. Ара- згæ дæр æй скодта, æмæ йæ юхуыдтой 282-æм гвардион куы- нæггæнæг-танкæты ныхмæйон артиллерион полк. Уыцы æф- сæддон" хаимæ Чилæхсайы фырт Курскы къæлæтгондæй тох- гæнгæ фæцыд суанг Цæгат Белоруссимæ, ссæрибар кодтой Польшæ, бахæццæ сты Берлинмæ. Белоруссийы, горæт Бобруйскаш йæ хуссарварс немьща1' 60 танчы æрбатыдтой мæ фронты хахх. Чилæхсаты Владимир цы полк сарæзта, уымæн командирам баурæдтой, аназьш чм уарзта, ахæм лæджы (иууыл «лæгъз» кæм цыдаиккой нæ хъуыддæгтæ хæсты быдыры...). Уымæ гæсгæ дывæр куыст æмæ хъару хъуыдис политикон хайы полчы командиры хæди* вæджы. Дыууæ батареимæ иумæ * бацахста хъахъхъæдад. Къуылдымæй æрбазынд фыццаг немыцаг танк. Уый фæста дыккаг, æртыккаг, цыппæрæм... Гом позицитæй сæ нæ артил- леристтæ комкоммæ æхстой. Полчы дыууæ батарейы хæстон- гæй станцæ Шацилкийы сæрыл æнæмсæр, карз тохты фæхъуьь лис 2/3 хай;' фæлæ фæстæмæ нæ алæууыдысты иу къахдза^!? дæр. Ныддæрæн кодтой ныхмæлæууæджы 17 танчы æмæ хæд- тулгæ сармадзаны, скуынæг кодтой 280 немыцаг салдат æмæ чфицерæй фылдæр. Афтæмæй фæсыкк ис гитлеронты размæ- бырст. Уыцы тохты тынгдæр расгуыхтыстьг сармадзаны коман- дир гвардийы хистæр оержант Хъуылаты Барис (ныртæккæ цæры кæмдæр Цæгат Ирыстоны), пысанмæисаг Д. Малчаноп. сёржант Сенцовы, хистæр сержант Д. Макрохины сармадзан- ты хæстонтæ, батареяты командиртæ капитан КозловскиГг,, 728
хистæр лейтенант Серебряков æмæ æндæртæ. Сенцов, тохы быдыры хъæбатырæй мæлгæйæ, хъæр кодта: — Цæвут знæгты. нæ маст сæ райсут... Тохы цырыны, хæсты авангарды уыдысты коммунисттæ. Сæ партбилеттæ знаджы нæмыгæй кæмæн фегом сты, ахæмтæ полчы уыдис дзæвгар. Тох цыдис фæстаг салдаты онг. Базза- дис’ма сæм дыууæ сармадзаны, стæй — иунæг сармадзан. Уыи немыцы æхсын райдыдта хъæдæй. Знаг афтæ фенхъæлдта, ма- хонтæм ма бирæ тыхтæ ис, фæлæ фæстæмæ алæууыд. Уыцы тохы хъысмæт аскъуыддзаг кодта полчы командиры хæдивæг Чилдахсайы фырт. Позищитæ лæвæрд æрцыдысты æххуысмæ æр- бацæуæг дивизимæ. Хæстон реляциты фыстæуыд, зæгъгæ, ар- тиллернон полк знагыл фæуæлахмз пс æнæ фистæг æфсад. Дæлдæр цы хæстои эпизод æрхæссинаг дæн, уый тыххæк Чилæхсаты Владимир хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæйо1' хæсты» П-аг къажхæны срденæй. Дыууæ батарейæ ма цы хæе- тонтæ баззад, уыдонимæ Чилæхсайы фьтрт æрцыд полчы штабмæ. Уым баййæфта йæ командир Алексеевы (тохы рæс- тæджы йын йæ хъæр, йæ кой дæр нæ фехъуыста). Полчы пар- торг æмæ къамисар схæцыдысты, æмæ пæ йæ бынатæй арви- тьтн кодтой. Уæд Белоруссийы цыдис сæрдыгон размæбырст. Полк горæт Бобруйскæн бацыд йæ галиувæрсты. 1-аг батарея бахаудис знаджы æрхъулайы. Полчы фæскомцæдисон органи- зацийы секретарь Царьков æмæ иннæтæ сæ арæхстдзииады фæрцы æрхъулайы атыдтой. Байстой бирæ нæмгуытæ æмæ немыцы фæстейæ сырдтой. Тох ецырын стыр цæугæдон Свис- лочы цур. Уым та иттæг расгуыхт Хъуылаты Барис. Немыц æрбаппæрстой 7-æм танкон дивизи. Фæлæ нæ хæстонтæ уд- уæлдай тох кодтой сæ позицитыл æнæхъæн боидæргъы. Уæдмге сæм æххуысмæ æрбацыдысты нæ сæйраг тыхтæ. Уыцы тохты нæ хæстонтæ скуынæг кодтой ныхмæлæууæджы 500 салдат æмæ афицеры бæрц, уацары ракодтой 200 гитлеронæй фыл- дæр, ныддæрæн кодтой бирæ зынгон тæппытæ, 12 танчы. Чилæхсаты Владимир расгуыхтис 1945 азы зымæгон раз- мæбырсты рæстæджы дæр. Не ’фсæдтæ ахызтысты советон паддзахады арæнтæй æмæ æнтысгæйæ бырстой æнæхъæн фронтыл. Знаг фидар хæцыд зæххы алы уылыигыл дæр. Фæлге не ’фсад, æппынæдзух тохты цы хæстон фæлтæрддзипад райс- той, уый æмæ сæ моралон-полмтикон иудзинад, стæй фæс- чъылдымы фæллойгæнджыты стыр æххуыс сæ кæион кодтой. Чилæхсайы фырт кæм службæ кодта, уыцы бригадæйы баиу кодтой дыккаг танкæйон армимæ. Хорз организацигонд æрцыд Польшæ ссæрибар кæныны сæрыл нæ хæстонты хъайтароп тох. Варшавæйы районы арф бацыдысты ныхмæлæууæджы фæс- чъылдыммæ æмæ бацахстой горæттæ: Жерардов, Скерневице, Конское, Бьтдгош, Черникау (Германы раздæры арæныл), Кольберг, Каммин (наулæууæн горæт). Лрмийы хæстонтæ, фронтьт хахх ма Варшавæйы цур уьтд, афтæмæй цæугæдог- 72?
Нотецыл ахызтысты æмæ знаджы бацахсгæ территорийыл ба- лыдысты 500 км бæрц æрфæнæн. Танкæты æртаг фæцис. Бакты ма цы-чысыл бенз!ин баззад, уый æрæмбырд кодтой, иу батарейы машинæты йæ ныккодтой ^маз дарддæр размæ абырстой Одеры ’рдæм. Черникауы сæ- рыл тохты Чилæхсайы фырты полк æрцахста дыууæ æфсæи- .вæндагон эшелоны «СС»-онтимæ æд бинонтæ, æд хæцæнгæрз- тæ. Уыдон оккупацийы рæстæджы æлдариуæг кодтой æмæ -æнæхæцæг адæмы цагътой Польшæйы территорийыл. Уыцы аперациты тыххæй Чилæхсаты Владимир райста «Фыдыбæста>- нон хæсты» 1-аг къæпхæны орден. 1945 аз 14-æм апрелы райдыдта Советон Æфсады генера- лон размæбырст Берлины здæхты. Фашистон Германы столи- цæмæ бацæуæнты не ’фсады иннæ хæйттимæ Чилæхсаты Вла- димиры 282-æм гвардион куынæггæнæг полк систа горæт Штраусберг, горæтгæрон цæрæнуат Эйхе æмæ æндæртæ. Бер- лннмæ амтпæты фыццаг ’чи бабырста, уыдоны нымæцы уыди^ ацы полк дæр. йæ хæстонтæ диссаджы æхсардзинад æмæ уды- хъæд равдыстой горæты уынгты карз, тугкалæн тохты. Берли- ны центры, Лихтенбергы районы, бацахстой метройы станц, уый-размæ та — æфсæнвæндагон станц, стæй Алексаидрплацы фæзуа1 æмæ горæты Ратушæйы агъуысты сæрмæ сдардтой сырх тырыса. Ам цыдис стыр тохтæ. Немыцаг фашисттæ бабыры- дысты сæ лæгæтты — ныккæндты,- бадтысты уæлхæдзæртты а>мæ уырдыгæй æхстой нæ размæбырсæг æфсæдты, Нæ хæстонтæ зыдтой, уæлахизы бон æввахсæй-æввахсдæр кæн кодта, уый æмæ ма сæ цы урæдта! Цыфæнды ныхдуртæ дæр сæ нал урæдтой, размæ бырстой, истой иу уынг — иннæйы фæстæ, иу хæдзар — иннæйы фæдыл. Хистæр сзржант Бассар- гины сармадзаны хæстонтæ ныццагътой бирæ немыцаг сал- дæтты, скуынæг кодтой знаджы бирæ техникæ. Иæ хæстонтæй чи фæмардис, чи та цæфта? фæцис. РЬæхæдæг дæр æхеæз.цæфы фæцис, фæлæ сармадзан нæ ныууагъта. Йæ боп куынæ уал уыд, уæд æм Чилæхсаты Владимир бауад æмæ сармадзан но* гæй иыннæрыди. Уый комкоммæ æхста, дыууæ уынджы Рейхс- тагма» бацæуæны кæрæдзи кæм фæлыг кодтой, уырдыгæ.% куынæг кодта гитлеронты амбразурæтæ, сармадзантæ æмæ пу- леметты зынгоп тæппытæ, æхста танкæтьт æмæ фæндаг сьтгъ- дæг кодта нæ фистæгæфсæддонтæн. йæ хæстон бонæгмæ та æркасти мæ хъайтар: — Нæ полк Берлины сæрыл тохтьт скуынæг кодта 5 дзотьг, за\\хы бып бетонæй арф арæзт 3 комапдон пункты, 3 артил- лерион батарейы, 3 минометон батарейы, 17 танчьт, 12 броне- траиспортеры, 46 пулеметоп тæппы, 10 сармадзаны, 4 хæдтул- гæ сармадзаны, 25 автомашинæйы æд æфсæдтæ, фæцагъта гемæ фæйнæрдæм ньтппырх кодта 2.500 гитлероны бæрц, уа- • пары пакодта 5.000 ’иемьщаг салдат æма> афицерæй фылдаф >æлдап тынглæр равдыстоп сæхи сармадзаны командир, Сове- 730
тон Цæдисы Хъайтар Калганов (йæ хæстонтимæ уацары ра- кодта 300 гитдеронæй фылдæр, семæ иу немыцаг инæлар, аф- гæмæй), Советон Цæдисы Хъайтар, хистæр сержа>нт Зыкины ^армадзаны хæстонтæ, Советон Цæдисы Хъайтар, калитан Та- расенкойы (ныртæккæ дæлбулкъон), каиитантæ Смолин, Ци- бенко æмæ Смирновы батареятæ, хистæр лейтенант Ратаевы взвод, шофыр Баженко æмæ æндæртæ. Цалы дзы ранымай- дзынæ?! Нæ хæстонтæ сегас дæр æвдыстой массон хъайтар- дзинад. Берлин бацахсыны сæрыл тохы Чилæхсаты Владимир райста стыр хорзæх «Сырх Тырысайы» орден. Ахæм у нæ хъæбатыр æмзæххон дæлбулкъои Чилæхсаты Федыры фырт Владимиры цард æмæ тохы фæндаг. Нæ, æвæ- дза, ууыл дæр нæ фæцис йæ диссаджы биографи. Гитлерон Гермамыл Советон хъайтарон Гарзджын Тыхты фæуæлахизы фæстæ дæр уый намысджынæй юлужбæ кодта æмæ йæ хæстон фæлтæрддзинад лæвæрдта не ’взонг салдæттæ æмæ афицер- тæн. Фæскавказы æфсæддон окруджы бæрнон бьшазтты (ар- тиллерион полчы, стæй та артиллерион бригадæйы комаидиры хæдивæг политикон хайы) куагæйæ дæр, йæ зоныадзинад æмæ политикон æмвæзад уæлдæр кодта Ч/илæхсайы фырт. Фæсау- уонма^ каст фæцис Тбилисы паддзахадон ’университеты истори- он факультет. Ахуыр кодта Ленинграды М. И. Калинины но- мыл æфсæддон-педагогон институты цур социалон-экономикон дисцишшнæты ахуыргæнджыты уæлдæр курсыты. Уырдыгæй æрыздæхт æмæ Тбилисы æфсæддон ахуыргæнæндоны курсант- тæи лæвæрдта Советон Цæдисы Коммунистон партийы истори.- Чилæхсаты Владимир 1939 азæй фæютæмæ у партийы уæнг æмæ цæ!Сгомджынæй хæссы коммунисты кадджын ном. Йæ би- рæазон æнæзæрдæхудт æфсæддон куысты тыххæй фæсхæст райста «Сырх Стъалыйы» æртыккаг орден дæр. Ныртæккæ Чилæхсаты Владимир цæры Тбилисы æмæ у заласы афицер (нæ, æвæдза, æххæст афтæ дæр нæу, уы- мæн æмæ йæ фæллой нæ уадзы нырыонг Дæр) кусы æфсæд- дон хайы куыст хъахъхъæныны техникон æдасдзинады фæдыл хистаър инженеры бынаты. Рагæй фæстæмæ уарзы журналис- ты куыст æмæ фьюсы чины,г — йæ мысинæгтæ, йе стыр хæстон фæндаджы бонæг. Уый кæны зынга æхсæмадон куыст—фæл- лойгæнджыты хъæстыгæ æвзарыны фæдыл реопубликæйон га- .<ет «Заря Востока»-йы æпæшгатон хайады. Чилæхсаты Владимирмæ куьт бакæсай, йемæ куы а>ныхае кæнай, уæд дæ разы слæудзæн хæдæфсарм, хæларзæрдæ, дис- саджы куыстуарзаг, цардвæлтæрд адæймаг— æца^г хъайтар адæймаг. Ацы очеркæн дзы æрмæг куы истон, уæд мæм фынг- мæ шугай-дыгай хæссьш райдыдта, рæстæджы комулæфтæй чи фæбур, хæстон операциты ахæм картæтæ, юхемæтæ, фронтон газеттæй йæ уацты лыггæгтæ, хæстон эпизодтæй семыдзаг бо- нæгты бæзджын тетрæдтæ, нывтæ (æгæрыстæмæй ма Гитлер йæ цардЕл фæстаг бонты Берлншы, Рейхстагмæ æввахс, зæххы 731
бын !ш бетонæйконд хуъжкомы æмбæхст, уый ныв дæр)? й,ч> тохты тыххæй хæстон характеристикæтæ, йе ’мбæлттæй бирæ- нымæц фыстæджытæ, — иудзырдæй, æнæхъæн музей. Ацы до- кументты ’хсæн ис диссаджы экспонат (кæд ын афтæ схонæн ис, уæд). Уæлдæр цы Советон Цæдисы Хъайтар Смолины бата- рейы кой кодтам, уый сконды уыдис 38 хæетоны. Уыдонæй ахæм нæ уыд, хæст уæззау зиан кæмæн нæ ракодта — немыцаг фашисттæ сæ кæмæн йæ мады амардтой, кæмæн та йæ фыды, кæмæн йæ сывæллоны, кæмæн йæ усы, кæмæн йæ хо кæнæ йе ’фсымæры, кæмæн йæ хæдзар басыгътой. Гъе, æмæ уыцы хæс- юнтæ ныффыстой ардбахæрды сыф «Мастисыны сæрмагонд хыгъд» кæнæ «Цæй тыххæй исæм нæ маст», зæгъгæ. Ахæм хæс- тон сыфтæй иу федтон æз Чилæхсайы фырты архивы. Æмæ йæм цынæ ис! Фæлæ уæддæр сегасæй зынаргъдæр сты, уыцы зын, фæлæ цытджын тохьт фæндагыл кæимæ ацыд, уыдон фæс- хæсты фььстæджытæ. «Гвардион салам дьш, зьгнаргъ Владимир Федыры фырт, Ратаевы биионтæй... Иуцъус мæ фæнды æрымысын, кæм æх- хормаг, кæм уазал, кæм дойны, афтæмæй тохмæ куыд кодтам нæ хæстонты æмæ куыд уæлахиз кодтам, уыдæттæ. т— Мæн фæнды дæуæи ноджыдæр æмæ -ноджыдæр стыр бузныг зæгъын, уымæн æмæ æз, уæды 17—18-аздзыд æвзонг лæппу, дæуæй хааджын дæн бирæ цæмæйдæрты æмæ дæ æры- мысын арæх,— фыссы йæм йе ’ннæ хæстон. Зæрдиаг арфæ йын кæны-нц йæхицæн, стæй йæ диссаджы хорз бинонтæн — йæ ус Енгрес æмæ йæ фырттæн — йæ сомбо- лы ныфсытæн!
1 аглойты ВлаОимир НМЛÆХСАТЫ САЛДАТ Цхинвалы горæтæн скæсæны ’рдыгæй, Згъудеры къуылды- мыл, суангдæр Прис æмæ Хеиты онг, айвæзти нæзыты къох. Нæзыты къох хæсты размæ горæты разагътайы æвзонг фæси- вæд пыссагътой. Уыцы фæоивæда^й бирæтæ нал æрыздæхтысгы Фыдыбæстойон хæсты быдырæй. Нæзыты къох сырæзт, æган- дæг хъæд фестад, æмæ, цыма, хæсты быдырæй чи нæ уал æрыздæхт, уыдонæн æнусон цыртытæ фестадьюты, уыйау фæл- гæсынц бынмæ. Леуахийы былыл айтынгуæвæг Цхинвалы го- рæтмæ. Райсом сæуæхсиды хуры тынтæ фыццаг хатт Згъудеры къуылдымы .нæзытыл сныдзæвьшц, изæры зæрæхсид фæстаг хæрзбон уыдонæн зæгъынц. Фæйлауы нæзыты къох. Бæлæстæн >сæ фылдæр бæрзонд фæцыдысты иннæты æхсæнæй æмæ сæ бæрзæйтæ айвæзтой даг лæмæ, стыр сосæ фæндаджы ’рдæм. Уыцы фæндагыл фæцы- дысты стыр хъазуатмæ сæ хæрзгæнджытæ, фыццаг хатт нæзы- ты ацы къуылдымыл чи æрцæрын кодта, уыцы »сахъ цардбæл- лон фæсивæд. Райсом бон дзир-дзур куы райдайы, уæд нæзы- тæ ныттынг кæнынц сæ цæстытæ сосæ фæндагмæ. Бон мзæрмæ сæ цæст нæ фæисынц фæндаджы хъæбæрæй. Стæй хур дард кæмдæр хæхты фæстæ куы фæаууон вæййы, уæд та æрхæндæ- гæй аныгъуылынц арф сагъæсты... Цæуынц мæйтæ... мæйтæ ивынц азты... уæдæй нырма ра- 733
цыди бирæ -рæстæг, фæлæ нал зынынц «сæ дард фæндагæн иæ- зыты хæрзгæнджытæн сæ фылдæр. Фæлæ иунæгæй шæ баззадысты æрдзы фидыц, адæмæн æнæниз æмæ æхцондæдтæг юæзытæ. Æрвылхатт дæр, сæрдæй-зымæгæй, райсомы дыдзы ру>'^- мæ нæзыты къохыл фембæлы асæй рæстæмбис, къæсхуырцæс- гом, æмбисонды зæрдæхæлар адæймаг хъæды хæлар Чилæхса- ты Георгийы фырт Симон. Æвæдза, чи уарзы ацы рæсу.гъд нæзыты Симоны хуызæн. Чи зоны æмæ зæрдæйæ чи æню^ары нæзыты цинтæ, нæзыты хъыгтæ Оимонæй хуыздæр. Стыр Фы- дыбæстæйон х;æсты хъæбатыр салдат тохы быдыры бахызта царды рæсугъддзинад, æрыздæхт фæ’стæмæ æвирхъау хæстъг быдырæй æмæ ныр та ссæдз азæй фылдæр ца^стыгагуыйау хъахъхъæпы, нæзыты къохы æнцо’йад какосындз къухтæч, фыдхъызт æмæ фыдбонтæй. Хатт .æрымысы Симон йæ уæззау тохы фæндæгтæ, æрымы- сы, нæзытæн фыццаг хатт ацы къуылдымыл царды рухс чп радта, уыцы фæсивæд куыд тох кодтой фыдгул знаджы ных- мæ, йæ маст сног вæййы Симонæн æмæ уæд йæ еагъæстæ йæ мид-зæрдæйы нæзытæн фæкæны. Ныхъхъус вæййынц уæд нæзы- та>, куырыхон лæгау, са> сæрта* афуадзынц зæхмæ æмæ æдзы- иæгæй фехъусынц <сæ хæлар, сæ удæнцой хъахъхъæнæг Симо- ны ныхæотæм... Симсн радзуры, куыд рæсугъч æмæ куыд хъæлдзæг уыдыс- ты советон адæм хæсты агъоммæ. Цы стыр фæндтæ æмæ сæм бæллицтæ уыди... фæлæ иу тар а^хсæв зындонæй феуæгъд сты удхæсджыта* æмæ арвы хъæбысы семæ æрбахастой сау мæ- лæт. Уæд Чилæхсаты Симон Ала-гиры хъæды заводы куыста, л’цæг, гуыргæ та Гуырдзыстоны ракодта, Карелы районы Лр- неуы хъæуы 1908 азы. Хæрзчысылæй баззад сидзæрæй. Хъæ.з- дыджыты æмæ исджынты фосы фæдыл арвыста йæ -сабийы Сонтæ, зæххæй дзабыр кодга, арвам! - хæдон. Чизоны, цæ- уыл ахицæн уыдаид оидзæр лæппуйы хъысмæт, фæлæ ныллæу- уыдис Октябры социалистон революци, фæуæлахиз Совето-1 хицауад æмæ ног царды хуры тынтæ -батавтой æвзонг Симоны уаза>лттæйсыд, буары. 1927 азы Симон ацыд Цæгат Ирыстоп- м,æ. Æрцард Алагиры. Симонæн мæгуырау уыдысты йæ царды уавæртæ æмæ та æххуырсты цыд Уæлладжыры комы хъæзды- джытæм. Фæлæ кулæкты, куыд кълас, куы скуынæг кодтой, уæд Симон кусынмæ бацыд Алагиры хъæдыкуыстгæнæн за- водмæ. Фæкуыста дзы 1941 азы июны мæймæ. Уыцы мæй рай- дыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст, æмæ Симон дæр Ирыстоны разагъта фæсивæдимæ фæцыд еæрибары сæрыл огыр хъазуат- мæ. Уæззау æмæ æвирхъау уыдььсты Чилæхсаты салдаты тохы фæндæгтæ, дардыл уыдысты йæ хæцæнтæ. 1941 азы Краснодары арæзт æрцьтд денджызон фнстæг 734
æфсады хай. Симон дæр уыд уыцы хайы. Салдæтты æфсæддоы ахуырты фæстæ арвыстой Севастополмае. Уым фыццаг хатг Чила?>хсаты Оимон ныхæй-^ныхмæ сæмбæлд фашистон сырдтн- мæ. Карз тох кодтой Севастополы хъахъхъæнджытæ немыцаг æфсадимæ. Фæлæ горæты ныууадзын бахъуыд. Симон йе фсæД- дои хаимæ, з-наджы размæбырст уромгæйæ, æмæ уымæи уæззау эиæнттæ кæнгæйæ, хæцгæ-хæцгæ фæстæмæ ралæууыд. Хъыры- мы зæххыл ма йæ фæстаг тох самадта Керчы горæты сæрыл фашисттимæ. Стæй фæстæмæ ралæууыдысты Новороссийскы горæтмæ. Новороосийскы уæззау цæф фæци æмæ фа^хуыссыд, Бакуыйы æфсæддон рынчындоны. Куы сдзæбæх, уæд та ногæй ацыд фронты раззаг хахмæ, уыд 89 Таманы Сырхтырысаджыи дивизийы 526 æхсæг полчы салдат. Уыцы дивизиимæ Симон дæрæн кæнын райдыдта нæ цы- фыддæр знæгты райтуы.рæн зæххыл. Фыццаг уыд разведкæгæ- нæг къорды, фæстæдæр та — бастдзинады. Райдыдта стыр размæбырст, 526 полчы сконды Симон ха- пад иста нæ фыдызнæгтæй Керчь, Севасгополь æмæ Хъырымы азрдæгсакъадах ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Севастололы трæт сисыны сæрыл тохы Снмон хорзæхджын æрцыд «Хъæба- тырдзинады тыххæй» майданæй. Хъырымы æ/рдæгсакъадах сæрмбар куы æрцыд, уæд 89 ди- 1-пзий'ы арвыстой Прибалтикæйы фроитмæ. Советон Æфсад йæ размæбырст райтынг кодта æппæт фронттыл Сау денджызæй суангдæр Балты денджызма\ Симон хайад иста Польшæйы горæт Варшавæйы ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Уыцы тохты йæ хæстон ха^стæ иттæг хорз кæй а*х- х«æст кодта, гъе, стæй бастдзинад пе ’фсæддон хæйтты штабти- мæ иттæг хорз кæй сифтонг кодта, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд «Кады» орденæй. Чилæхсаты салдат хъæбатырæй йæхи равдыста Камишы горæт, гъе, стæй Германы зæххыл Ландсберг, Мезерптц, Шви- бус æмæ Цюлихауы горæттæ ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Уæлдай тыигдæр та басгуыхт Одеры Франкфурты горæты сæрыл тохты. Франкфуртæн цæгаты ’рдыгæн фарс иу рæстæджы Чи- лæхсаты Симон фæсвæд зæххы æмбæхст бафиппайдта телефо- ны кабел. Æрхъуыдыджын салдат кабелы баиу кодта йæхи телефоны аппараты телимæ, байхъуыста. Бæрæг уыд, ’немыцаг лзвзагыл цавæрдæр бардзырд кæй лæвæрдæуыд. Симон уай- тагъд баиу кодта немыцæгты телефоны кабел Советон Æфсады корпусы шгабимæ. Уым базыдтой, немыцæгтæ размæбырсты рацæуынмæ сæхи кæй дæттæ кæнынц. Уайтагъд нæ командæ- кæнынад спайда кодта хин фæндæй æмæ не ’фсад æнæнхъæлæ- джы ацыдысты размæбырсты. Знæгтæн сæ бон нæ баци Со- ветон Æфсады æнæнхъæлæджы размæбырст бауромын æмæ куынæг æрцыдысты. Уыцы ара^хстдзинад æмæ ^æрхъуыдыдзина- ды тыххæй нс ’фсæддон ксмппда^æнынад Чилæхсаты Симоны 735-
дыккаг хагг схорзæхджын кодга салдаты иууыл стырдæр хор- ьæх «Кады» орденæй. Чилæх1саты салдатæн йæ хæстон фæндаг фæци Берлины. Симон дæр йе ’фсæддон хаимæ хайад иста фашистон Германы ахстон Берлины горæт сисыны сæрыл тохты. Берлины сæрыл тохты Симон хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йæч нæ командæкæньшад схорзæхджын кодта «Сырх Стъалыйы» ор- денæй. Мпнгай советон уæлахизхæссæг салдаэттимæ иумæ Рехста- джы къулыл ис 1ирон адæмы фырт Чилæхсаты хъæбатыр сал- дат Симоны къухфыст дæ<р. Чысыл мелы къæрттæй Рейхстаджы къулыл Симон дæр йæ къух бафьгста цард, уæлахиз æмæ фар~ ныл. Зын уыдысты ’йæ тохы фæндæгтæ Симонæн. Тугæй астæу- мæ цæм фæндæгтыл фæлæтæрста Кавказы кохрæбынтæй с^Канг дæр Берлинмæ æмæ уæлахизæй æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыс- тонмæ. Уæззау уыдысты хæсты бонтæ. Салд, донумæл акъоппытæ, •æвирхъау тымыгътæ — фæн;изджын рæуджыты !низæй Чилæхса- ты салдат æмæ Цæгат Ирыотонæй æрыздæхт Хуссар Ирыстон- мæ æмæ кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны хъæды хæдзарады. Йæ бæрн ын бакодтой Згъудеры нæзыты къох хъахъхъæнын. Уæдæй нырмæ рацыд ссæдз азы бæрц. Фыдыбæстæйон хæсты салдат ныр та хъахъхъæны æрдзы æнцойад. Æмæ бафыстой йе сты,р хæрзтæ Чилæхсаты салдатæн цъæх- базыр нæзытæ. Æвдадзы хос фестадысты Симонæн. Хæстæн йе уæнгты цы н,из æрхаста, уыцы низ ын асырдтой йе уæнгтæй. Чилæхсаты салдат сынæниз, сдзæбæх. Схæлар сты хъæд а*мæ салдат. Казрæдзийы ристыл, царвау, батадысты, сæ цин, сæ хъыгтæ уæдæй нырмæ иу сты. Фæйлауынц цъæхбазыр нæзытæ Згъудеры къуылдымыл. Зарынц цавæрдæр æрдхазрæйнаджы зарæджы мелоди. Уыцы зарæджы мелоди æнкъары Чилæх/саты хъæбатыр салдат. Уыцы зарæджы мелоди та у адæмы рæсугъд цард æмæ æнæниздзина- ды мелоди. Зарынц æй æхсæвæй^бонæй, сæрдæй-зымæгæй, за- рынц æмæ сын сæ зарæгмæ бахъырны сæ хæлар, сæ хъахъхъæ- нæг, сæ удæнцой Симон, Чилæхсаты салдат.
Мамсыраты М. СÆФТ СТЪАЛЫЙЫ ФÆД «Стъалы æрхауд, зæгъгæ, афтæ фæзæгъынц, æхеæвыгон ар~ выл тæхгæ ирд стъæлф куы фенынц, уæд. Фесæфы стъалы. Фæ- лæ йæ фæстæ ныууадзы даргъ рухс фæд. Раст ахæм рухс фæд ныууагъта царды Чыпыраты Дзантемыр дæр. Бирæ нæ фæцард Дзантемыр. Дыууæ æмæ осæдзаздзыдæй ахуыссыд йе ’хсидгæ зæрдæйы зынг. Фæлæ йæ рухс ном кæддæриддæр цæрдзæн не ’хсæн, æрттивдзæн стъалыйы фæдау, нæ хъæуы цæрджытæ йæ хæсдзысты фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Бузныг, ахæм хъæбул, хъæ- батыр хæххон цæргæс кæй схъомыл кодтай, уый тыххæй!» Ацы зæрдæбын ныхæстæ Дзантемыры зæронд мад Лизæ- йæн æрæджы ракодта Стъавраполы крайы Ачикулакы хъæуы астæуккаг скъолайы директор Кузьма Кузьмич Персков. ...Дыккаг аз цыд тугкалæн хæст немыцаг лæгсырдтæй Рай- гуырæн бæстæ бахъахъхъæныны сæраппонд. Знаг æрбахызт Украинæйыл, йæ тугæйдзаг дзæмбытæ æрныдзæвдысты Кавка- зы зæххыл дæр, æрбахæццæ Прохладнæмæ. Фæлæ йын нæ зæх- хæй иу гæбаз дæр æнцонæй нæ лæвæрдтой советон хæстонтæ. Майор Чупиков разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æфсæд- док хайы службæ кодта хæетон тæхæг Чыпыраты Дзантемыр. Иу бон ын бабар кодтой, бомбæтæ æппарынмæ чи цыд, ахæм хæдтæхджыты къорд хъахъхъæнын. Æрбахæццæ сгы Прохлад- нæйы сæрмæ. Бынæй сæ немыц æхсын байдыдтой. Уалынмæ фæзьшдысты «Мессершмиттæ» дæр æмæ сæхи æрбауагътой бом- 47* 737
бæпнарæг хæдтæхджытыл. Фæлæ бынтон нæма æрбахæццх» сты, афтæ Дзантемыр, разæй чи цыдис, уымæ йæ хæдтæхæг ныхæй-ныхмæ сарæзта, æрылхъывта пулемет æмæ «Мессер- шмиттыл» уайтагьд «къæдзил азад», фæздæджы сау тæлм уадз- гæйæ, бынмæ афардæг. Иннæты та сæ разæй скъуымбил кодтой Дзантемыры æмбæлттæ. Бомбæтæ чи 'ппæрста,уыдо« сæхæстæ сæххæст кодтой æмæ, бæрзондæй-бæрзонддæр сæхи исгæйæ, фæстæмæ здæхтысты. Дзантемыр æмæ иннæты истребителтæ сæ алыварс цæргæстау зилдух кодтой. Бынæй, Прохладнæйы цалдæр раны гуыпп-гуыпп кодта арт, пиллон калдта: сыгъдысты немыцы хæстон скълæдтæ, ма- шинæтæ, танктæ. Дзантемыр йæ хæдтæхæг рахиз фарсыл «æр- хуыссын» кодта æмæ æркасти уыцы æртытæм. Фæлæ се ’ппæт иал федта. Йæ хæдтæхæг ыи æвиппайды цыдæр тыхджын цæф хæрдмæ фехста, мотор бамыр æмæ, ныр- тæккæ дæо ма йæ рогæй чи скъæфта, уыцы машинæ, фæлдæх- тытæ кæнгæ, бынмæ атахт. Тæнæн нал уыд, хæдтæхæг знаджы сармадзаны нæмыгæй бынтондæр ныппырх, æмæ Дзантемыр рагæпп кодта йæ бадæ- нæй, сриуыгъта парашют. йæ сæрмæ егъау урс гопп куы ауыд- та, уа\ц ма йе ’мбæлтты фæстæ акаст, фæлæ дард уыдысты уы- дон, сæ бон ын ницæмæй баххуыс кæнын уыд, уымæн æм.æ сæ бынмæ зæхх немыцæй æмызмæлд кодта. Куыддæр йæ къæхтæ зæххыл аныдзæвдысты, афтæ цалдæр «емыцаджы йе ’ккоц абадтысты, аздыхтой йын йæ къухтæ. Бæргæ афæлвæрдта йæхи ратоныныл, фæлæ йын цæмæйдæр йæ сæр ныццавтой, æмæ бауадзыг. Иу заман æрчъицыдта. Иæ фæйнæ фарс лæууыдысты не- мыцаг салдæттæ автоматтимæ. Чысыл уаты рудзынджы цур цъæтджын бандоныл йæхи ауагъта немыцаг афицер. й,æ баком- коммæ стъолы иннæ фарс бадт æрыгон сылгоймаг. Дзантемыр бамбæрста, немыцаг комендатурæйы кæй ис сылгоймаг та сæ тæлмацгæнæг кæй у, уый. Салдæттæ схæцыдысты тæхæгыл, слæууын æй кодтой. Сыл- гоймаг æй худæндзастæй фæрсы: — Æнхъæл дæн, фæриссын дæ кадтой ме ’мбæстаг? Диссаг дæм кæсы, а>мбæстаг дæ кæй схуыдтон, уый? Ды Ирыстонæй дæ, æз — Прохладнæйæ, сыхæгтæ стæм æмæ мын тынг æхсьп- гон у нæ фембæлд, уæлдайдæр ахæм æрыгон рæсугъд лæппу... Дзантемыр ницы сдзырдта. Æрмæст лæмбынæг каст хæрз- конд, фæлæ хинымæр цъаммар кæй схуыдта, уыцы сылгойма- джы рæсугъд цæстытæм. Афицер цыдæр загъта тæлмацгæнæгæн, æрбалæвæрдта йæм, Дзантемыры дзыппæй цы гæххæттытæ систой, уыдон. Сылпжмаг сæм æркаст æмæ та раздæхт тæхæджы ’рдæм: 738
— Ф.æллад уыдзынæ. Стæй хорз фенинаг уазæг да? æмæ дын ныртæккæ фынг æрæвæрдзыстæм. Кавказаг адæм куы стæм. Æз стыр æхсызгонæй нуазгæ дæр бакæндзынæн ахæм лæппуи- мæ. Фæлæ уал ньгн щ чысыл хъуыддаг зæгъ: кæцæй ратахтæ, стæй ма уæ алыварс хæстон аэродромтæ кæм ис? Æз зонын, фæскомцæдисон кæй дæ, уый, фæлæ зондджын адæймаг хъуа- мæ йæхи цардыл хъуыды кæна раздæр, — дзырдта мæлгьæв- загæй сылгоймаг. — Æгъгъæд у! ’— сабырæй, фæлæ фидарæй дзуагш радта Дзантемыр. — Бамбæрстон дæ. Каецæй ратахтæн, уый, стæй нæ аэродромты тыххæй дæ хицау Гитлеры бафæрсæд: лæбургæ чи кæны, уый хъуамæ зона, кæдæм лæбуры, уый. Фьтнджы тых- хæн та мæ дзуапп у ахæм: æз бæлæгъæй никуьт хордтон, уа,\л- дайдæр гаццатимæ! Дыууæ боны фæлтæрæнтæ фæкодтой .немыц Дзантемырæй исты бæлвырддзинæдтæ базоныныл, хшзæмарæй йæ мардтой, алы фыдмитæ йын кодтой, куы та йæм-иу тæлмацгæнæг иунæ- гæй бацыд æмæ йæ алы гæды м-итæй къахта. Фæлæ ницы схъæр кодта фæскомцæдисон. Æртыккаг бон та йæм изæрæй тæлмацгæнæг ногæй фæ- зынд. Дзантемыр сонтæй фестъæлфыд, сылгоймаг дзурын куы байдыдта, уæд. — Лæгдзинад-дæм ис, уый бамбæрстон,— загъта йын тæл- мацгæнæг. — Стæй ды исты бæлвырд хабæрттæ куы радзырд- таис, уæддæр сæ æз не схъæр кодтаин немыцæн. Чи дæн, уый искуы базондзынæ, рæстæг ын куы ’рцæуа, уæд. Дæ ныййар- джыты адрес та æз мæ зæрдыл бадардзынæн. Кæд, мыййаг, искуы Ирыстонмæ сыфтин. Фæл,æ дын ныр хъусын кæньгн, рай- сом дæ кæй фехсдзысты, уый. Дæ лæгдзинад æмæ дæхæдæг1 Ахсæв цыфæндыйæ дæр алидзыныл бацархай. Уаты дуармæ цы салдат лæууы, æндæр дæ хъахъхъæнæг нæй. Æз куы ацæ- уон, уæд дæгъæл ■æрзылдтытæ кæндзынæн дуары, цыма йæ æх- гæнгæ скодтон, уыйау, фæлæ дуар гом уыдзæн. Æндæр дын мæ 60Н 1НИЦЫ у. Сылгоймаг немыцагау хъæртæ кæнгæ рацыд. Дуар мæсты гуыпп ныккодта, дæгъæл иуырдæм-иннæрдæм æркъæппытæ кодта æмæ й,æ радта хъахъхъæнæгмæ. Дзантемыр дуары цурмæ бацыд æмæ лæмбынæг хъусы салдаты уынæрмæ. Иу заман къæхты хъæрмæ гæсгæ бамбæрс- та, хæрз хæстæг кæй æрбацыд салдат. Дзантемыр æваст дуар фегом кодта. æмæ цæсты фæныкъуылдмæ хъахъхъæпæджы мидæмæ æрбаппæрста. Чысыл фæстæдæр Прохладнæйы талынг уынгты фистæгæй фæцæйцыд «иемыцаг салдат» æд автомат... Æрбаирвæзт йе ’мбæлттæм Дзантемыр, обадт ног хæдтæ- хæджы æмæ та дæрæн кодта знаджы. 1942 аз, фæндзæм ноябрь Стъавралолы крайы Ачикулакы 739
хъæуы сæрмæ арвыл фембæлдысты немыцаг (ХæдтæхДжыты къорд æмæ æртæ советон хæдтæхæджы. Бацайдагъ сын хæст. «Фокке»-тæй иу ссыгъд æмæ æрхауд. Уалынмæ гæбазгай фæйнæрдæм фæтахт советон хæдтæхджытæй дæр лу. Йæ хуылфæй рахаудта сау æндæрг æмæ сæмбæлд, раздæр екъола кæм уыд, уыцы хæдзары сæрыл, стæй æрхауд къæсæрмæ. Уый уыд тæхæг. Хъæуы цæрджытæ æрæмбырд сты, баныгæнæм æй, зæгъгæ. Фæлæ сæ немыц ныххæлиу кодтой. Тæхæгæн систой йæ гæх- хæттытæ æмæ йын хъæуы цæрджытæй ничи базыдта йæ ном, йæ мыггаг. Марды немыц ньшпæрстой бомбæйы дзыхъхъы æмæ йыл сыджыт бакалдтой. Цалдæр боны фæстæ йæ æхсæвыгон сылгоймæгтæ ракъах- той, сусæгæй йæ ахастой иу хæдзармæ, пыннадтой йæ æмæ йæ бæрæг куыд нæ уа, немыц æй куыннæ базоной, афтæмæй цæ- хæрадоны баныгæдтой. Хæсты фæстæ та, Ачикулакы æфсымæ- рон ингæн куы сарæзтой, уæд тæхæджы марддæруым бавæрд- той. Дзæвгар рæстæг рацыд уæдæй нырмæ. Цыппар æмæ ссæдз ’азы дæргъы хъæбатыр цæргæсы ном бæрæг лæ уыд. Ачикула- кы астæуккаг скъолайы пионертæ йьгн сæ хистæртæй хъуыстой йæ хабæрттæ. Æмæ сфæнд кодтой, чи уыдис, уый базонын. Сæ фæнд фæцыд æрыгон ахуыргæнæг Ольгæ Николаевна Виногра- довайы зæрдæмæ æмæ сын уый дæр баххуыс кодта. Æрæджьт пионертæ дзуапп райстой ССР Цæдисы хъахъ- хъæнынады Министрадæй. Уым фыст уыдис: «1942 азы фæн- дзæм ноябры уæ хъæуы еæрмæ хъæбатырæй цы тæхæг фæмард, уый уыдис кæстæр лейтенант фæскомцæдисон Чыпыраты Дзан- темыр Алыксандры фырт, 1920 азы гуырд, Цæгат Ирыстонæй, цард горæт Орджоникидзейы». Цыппар фырты арвыста хæстмæ зæронд Лази. Иунæг йед- тæмæ дзы нал сыздæхт — Астемыр. Лази зыдта, йæ хъæбултæ кæй фесæфтысты, уый. Фехъуыста кæстæр—Дзантемыры ха- бар дæр. Æфсæддон хайы командир æм ныффыста, дæ фырт хъæбатырæй фæмард, зæгъгæ. Фæлæ куыд, цавæр уавæрты, цы фæци йæ мард, — уыдæттæ бæлвырд нæ зыдта ныййарæг. Æмæ йæм мæнæ ныр ссыдысты Ачикулакы пионертæ, семæ скъолайы директор Кузьма Кузьм,ич Персков, ахуыргæнæг Оль- гæ Виноградова, фæскомцæдисы райкомы секретарь Валерий Погосов, районы газеты кусæг Евгений Калинин. Пионертæ семæ сластой, Дзантемыры ингæны алыварс цы дидинджытæ сагъд ис, уыдонæй дыууæ уардийы æмæ сыджыт ингæлæй. Дидинджыты бындзæфхæдтæй иу ныосагътой Чыпы- раты кæрты, ныккалдтой йыл дон. Æртагъди йыл ашййарæджы цæссыг дæр. Иннæ дидинæг ныосагътой Орджоникидзейы руæндæсæм скъолайы кæрты — уым ахуыр кодта Дзантемыр. Тынг сбуц кодтой хъæбатыр ирон лæппуйы ном Ачикулакы 740
цæрджытæ. Фæскомцæдисы Нефтекумскы райкомы бюро уы- наффæ рахаста Дзантемырæн Ачикулакы хъæуы цырт-бюст сæвæрын. Æппæт хæрдзтæ дæр фæскомцæдисонтæ райстой «сæ- химæ. Фарастæм майы — фаниистон Германыл фæуæлахизы бан хъæбатыры ингæны цур уыдзæн кадджын митинг. Скъола- йы фæскомцæдисон организацийы фæндонмæ гæсгæ та ныр- тæккæ æппæт ахуырдзаутæ дæр тох кæнынц ууыл, цæмæй скъо- ла суа хъæбатыры номы аккаг æмæ йын радтой Чыпыраты Дзантемыры ном. Уымæй уæлдай фæнд кæнынц, Дзантемы- рæн Прохладнæйы цы сылгоймаг баххуыс кодта, уый базонын дæр. (Уыцы сылгоймаг хæсты хæдфæстæ уыдис Чыпыратæм, Лазийæн йæ фырты хабæрттæ фæдзырдта, фæлæ зæронд ус нæ бахъуыды кодта сылгоймаджы ном). Хорз сбуц кодтой уазджыты иуæндæсæм скъолайы ахуыр- дзаутæ, лæ партион æмæ фæскомцæдисон кусджытæ, хорз сæ суазæг кодтой Чыпыратæ дæр. Фæлæ сабиты фæнды, Дзаите- мыр скъолайы кæимæ ахуыр кодта, йе ’взонджы бонты йæ чи зыдта, уыдоиæй исты бæлвырддзинæдтæ базонын. Æмæ хорз уаид, нæ хъæбатыр æмбæстоны чи зыдта, уыдон редакцимæ куы ныффыссиккой, уæд. Уадз æмæ ноджы бæлвырддæр зоной адæм хъæбатыр цæр- гæсы цыбыр царды хабæрттæ. Уадз æмæ ирдæй-ирддæр кæна сæфт стъалыйы фæд!
Саквиты Эльбрус ИОСИФЫ ХÆРЗИУДЖЫТÆ Уæрмы бадтысты цалдæрæй. Иутæ, хæслæвæрд сæххæст кæныны фæстæ, сæ фæллад уагътой, иннæтæ фыстой писмотæ. Тамакойы фæздæг, мигъау, лæууыд пецы сæрмæ. Æфсæддонтæй алчи дæр кодта йæхи хъуыдытæ. Фæлæ æваст сабырдзинад фе- хæлдта, къуымы цы æрыгон лæттпулæг хуыссыд, уый. Кæстæр сержант йе ’мбæлттыл йæ цæст ахаста, стæй, йæ худ зæххыл æрцæвгæйæ, фæхъæр кодта: — Гъæйтт, лæппутæ, цæуыл нынкъард стут?! Уæ сым-сым- мæ мæ зæрдæ куы уынгæг кæны. Васькæ, дæ баян ма райс,—- æз уын уæ сагъæстæ фæсурон. Уæдмæ иннæтæ дæр рабадтысты сæ хуыссæнты. — Юрченко та нсмыцæн хорз «аихор» æрцæттæ кодта æмæ йæ зæрдæ уымæн хъæлдзæг у, — сдзырдта бурхил цъæхдзаст лæппу. Иууылдæр ныххудтысты. Юрченко йæ ныхас дарддæр кодта: — Уый мæнæ, немыцаг танктæ нæм «уазæгуаты» куы ’рба- цæуой, уæд базондзысты мæ «сихоры» ад. Уæрм саперты кæл-кæлæй байдзаг. Рот^æйы командиры адъютант сæм куыд фæмидæг, уый дæр иæ бафиппайдтой. Фæ- лæ йæ куы ауыдтой, уæд иууылдæр фæхъус сты. — Уæ бонтæ хорз, æмбæлттæ! — салам сын радта, стæй саперты афтæ чи бахъæлдзæг кодта, уымæ фæдзьгрдта. Ротæйы командиры блиндажы ма уыдис ноджыдæр цал- дæр адæймаджы æмæ картæмæ кастысты. 742
— Æмбал командир! Кæстæр сержант Юрченко дæ бар- дзырдмæ гæсгæ фæзынд! Ротæйы командир Тибенков æй бакодта йе стъолы цурмæ æмæ йын хабар радзырдта. \ Цæвиттан, ацы æхсæв хъæуы немыцаг раззаг хъахъхъæны- цад «сбæрæг кæнын, стæй немыц цы ног минæтæ æвæрын бай- дыдтой, уыдонæй иукъорд «адавын». Ахсджиаг хæс æрæвæрд- той Юрченкойы раз. Æмæ уый дзуапп радта фидарæй: — Бардзырд сæххæст кæндзынæн!.. Юрченкойæн йемæ разведкæйы арвыста 4|Салдаты. Æхсæв йæ сау пæлæз зæххыл куы æрытыгъта, раст уыцы афон араст сты сæ балцы Юрченко æмæ йе ’мбæлттæ. Рацыд иу .сахат... Дыккаг... Æртыккаг... Фæлæ Юрченкоитæ нæ зынынц. Цы фес- ты? Миййаг, немыцмæ бахаудысты? Нæ, уымæн уæвæн нæй, Юрченко ахæм салдат нæу, æмæ йæхи æнæ хъыпп-сыппæй уа- цары кæнын бауадза. — Уæртæ сты! — æваст едзырдта чидæр. Акъопы сæрмæ йæ худгæ цæсгомимæ фæзынд Юрченко, йæ фарсмæ та йе ’мбæлттæ. Цалдæр м,инуты фæетæ Юрченко лæууыд командиры раз. Лæмбынæг ьш æрдзырдта фашистты фидæртты тыххæй. Радта йæм ног хуызы арæзт немыцаг минæтæ. — Арфæ дын кæнын, бардзырд хорз кæй сæххæст кодтай, уый тыххæй, æмбал Юрченко, — загъта командир. Ахæм арфæтæ .иу æмæ дыууæ хатты, миййаг, нæ райста гвардион Юрченко Иосиф Лукьянович. ...1941 аз. 22 шкунь. Хорз ма хъуыды кæны Иосиф. Хæсты дыккаг бон райста.сидты гæххæтт. — Фæндараст, мæ лæппу! Макуы ныххатыр кæн нæ сабыр цард фехалæгæн. Дæхи дæр хъахъхъæн, — дзырдта йæ фæстæ йæ мад. —Ма тæрс, мæ зьшаргъ мад. Мæ сæр тæппуддзинадмæ никуы ’рхæсдзынæн. Нæ фегад кæндзынæн дæ урс сæр, мæ Райгуырæн бæстæ. Йæ мадæн ма фæстаг хъæбыс ныккодта Иосиф æмæ араст тугкалæн хæстмæ. Араст, цæмæй фæстæмæ уæлахизæй сыздæха. Ара-ст, цæмæй карз æгъатыр хæсты ба- хъахъхъæна Райгуырæн зæххы сæрибардзинад. Нæ фæсайдта йæ ныхас, йæ ардбахæрд Иосиф. Сапер уæв- гæйæ, уый æфсæддон дæсныдзинад æмæ хъæбатырдзинадæй фæзминаг уыд иннæтæн дæр. Цал æмæ цал хатты фесгуыхт бардзырдтæ æххæст кæнгæйæ. Ууыл дзурæг сты, йæ риуыл цы срдентæ æмæ майдантæ тæмæнтæ калынц, уыдон. Иосифæн æртæ хатты лæвæрд æрцыд «Кады» орден, стæй майдантæ «Берлин байсыны тыххæй», «Кавказ суæгъд кæныны тыххæй», «Варшавæ суæгъд кæныны тыххæй», «Хъæбатырдзинады тых- хæй», дыууæ майданы «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй». Уы- имæ ма -йæм ис Сæйраг Хистæ-р командæгæнæджы цалдæр арфæйы горæттæ Ландсберг, Мезеритц, Швибус, Цюллихау, 743
Гнезен, Берлин æмæ æедæрты исгæйæ хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй. Уыдонæй алкæуыл дæр æмбæлы ныффыссын, фяелæ æз ра~ дзурдзынæн æрмæст сæ иуæй-иуты тыххæй. > ...Карз тугкалæн хæст бацайдагь. Тох цыдис цæугæдон Вислæйыл. Советон Æфсады размæбырсты ацы стыр дон уыД дæгъæлау Одермæ, стæй Берлинмæ. Уымæ гæсгæ фашисттэй æлпæт хъарутæй дæр архайдтой ацы фидар нæ радтыныл. До- ны хурныгуылæн былгæрон арæзтой алыхуызон фидæрттæ. ’ Вжлæмæ бабырсынмæ æппæт дæр цæгтæ уыд. Амынд, рæстæг зæхх иынкъуысыд нæ сармадзантæ æмæ «катюшæты^/ хъæрæй. Вислæйы уæлцъар айдзаг бæлæгътæ ,æмæ паромтæй. ; Авиаци æмæ артиллерийы æххуысæй .не ’фсæддонтæн бан- тыст хурныгуылæн былгæронмæ баирвæзын. Фæлæ немып æн- дæр рæттæй æрбаппæрстой ног тыхтæ. ! Бацайдагъ тугкалæн хæст. Фæлæ немыцæн нæ бантысг махонты Вислæмæ аппарын. Нæ, фæлæ сæ махонтæ сæхуыдтæг сурын байдыдтой Одермæ. Фæлæ семæ нал уыд хъæбатыр са- пер Юрченко Иосиф. Вислæйыл тохы фæцæф æмæ бахаудта æфсæддон рынчындонмæ. Уырдæм Иосифмæ æрбайхъуыст ци- кы хабар: лæвæрд ын æрцыд «Кады» ордены æртыккаг къæпхæн. Юрченко рьшчын бирæ нæ фæцис. Куыддæр æй уырдыгæй рафыстой, афтæ та ногæй балæууыд йе ’фсæддон хайы. Æмæ архайдта цæугæдон Одерыл тохы. Дæлхайады командир ссис Вислæйы тохы фæстæ. Уæд ын радтой кæстæр сержаиты чин дæр. Вислæмæ рацæуæны сæ размæ уыд иу къанау. йæ сæрты уыд хицæнгæнгæ хид. Фæлæ йыл æфсæдтæ бацæуын нæ бауæн- дыдысты, кæд ын, миййаг, немыц йæ быны минæтæ бавæрдтой, зæгъгæ. Уæд ротæйы комавдир фæдзырдта Юрченкомæ æмæ йын бахæс кодта хъуыддаг сбæлвырд кæнын. Хидмæ бацæуын уыд тынг зьш. Немыц æй фæйнæрдыгæй сармадзантæй æхстой. Нæмгуытæ æмæ бомбæты схъисты къуыззиттæй хъустæ къуырма кодтой. Юрченко æмæ йе ’мбæлттæн бантыст хидмæ баирвæзын. Куыд базыдтой, афтæ- мæй дзы минæтæ нæ разынд. Одер ист æрцыд 1945 азы 3 фев- ралы. Разæй—Берлин. 60 километры ма, стæй Советон Æфсад балæудзæн фашистон лæгсырдты лæгæты. Берлины бынмæ немыцаг фашисттæ æрæмбырд кодтой сæ фæстаг тыхтæ. Ам та бахъуыд хъæбатыр сапер Юрченкойы дæсныдзинад равдисын. Немыц алы хæдзар, алы уæрм, алы зæххы гæппæлæй дæр хъавыдысты æнæбасæтгæ фидар сара- зын. Уынгтæ — минæгонд. Уый сты,р цæлхдуртæ æвæрдта не ’фсæддонты размæ. Юрченкойы размæ лæууыд вазыгджын хæслæвæрд: хъуа- мæ йе ’фсæддонтимæ ацыдаид ’развсдкæйы, ссыгъдæг кодтаид фæндаг сæ ротæйæн немыцы чъылдыммæ ныббырсьшмæ. 744
Юрченко йе ’фсæддонтимæ кадджынæй сæххæст кодта ко- мандæкæнынады бардзырд. Фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд æм ротæйы командир Тибенков фæдзырдта: — Командæкæнынады бардзырд кадджынæй кæй сæххæст кодтай æмæ иттæг зынаргъ бæрæггæнæнтæ кæй æрбахаетай, уый тыххæй дын лæвæрд цæуы «Кады» ордены фыццаг къæп- хæн. Адыууæ боны йæ райсдзынæ. Хæст куыддæр фæцие, афтæ Иосиф ногæй сыздæхт Цыко- ламæ æмæ та райдыдта кусын Æрæфы хъæдпромхæдзарады плотникæй. Ам сабыр куыста, еабыр фæллойы дæр Иосиф у æппæтæн фæзминаг. ...Рацыд иукъорд азы. Иосифмæ фæдзырдтой æфсæддон къамисариатмæ. «Цымæ мæ цы кæнынц? Цæмæн мæ агу- рынц?» — хъуыдыты аныгъуылд Иосиф. Цæмæй зыдта, цавæр цины хабар æм æнхъæлмæ кæсы, уый. Æфсæддон къамисары уатмæ куыддæр бахызт, афтæ йæ размæ сыстад иу æнæзонгæ афицер æмæ йын йæ къух райсгæ- йæ загъта: — Арфæ дын кæнæм, æмбал Юрченко, паддзахадон етыр хорзæхтæ кæй райстай, уый тыххæй! Æмæ йын йæ риуыл бакодта, 13 азы дæргъы йæ хицауы чи агуырдта, уыцы хæрзиуджытæ.
Плиты Илья ÆРТЫНДÆС ЗЫНГХУЫСТ КУРДИАТЫ Советон Цæдисы Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыд- та, уæд нæ бæстæйы адæмтимæ иумæ ирон адæм дæр хъæба- тырдзинад æвдыстой хæсты быдырты. Ирон адæмы хъæбултæй бирæтæ оисты Советон Цæдисы Хъæбатыртæ, мингай хæстонтæ райстой орде.чтæ æмæ майдачтæ. Уыдонягй бирæтæ сæ сæр нывондæн æрхастой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд, марг’ фесты хæсты быдыры, фæлæ Райгуырæн бæстæ, советон адæм нæ рох кæнынц, уыдон нæмттæ. Фыдыбæстæйон хæсты хайад истой нæ фысджытæ дæр, знаджы ныхмæ тох кодтой джебогъ æмæ сисæй, сæ фыосын нæ уагътой, акъопты, блиндажты дæр фыстой æмдзæвгæтæ, очерк- тæ советон хæстонты хъæбатырдзинадыл, разæнгард сæ кодтой гохмæ. Нæ областы æрыгон фысджытæй æртындæсæй нал æрыз- дæхтысты хæсты быдырæй... Уыцы æрыгон курдиатджын лæп- путæн бантыст къорд аив, хæрзгъæдджын уацмысы ныффыс- сын. 1959 азы сы-н сæ уацмыстæ хицæн чиныгæй «Джебогъ æмæ сисæй», зæгъгæ, ахæм сæримæ мыхуыры рауагъта Хуссар Ирыстоны паддзахадон рауагьдад. Хæстæй чи нæ уал æрыздæхт, уыцы фысджытæй сæ иу уыд Джеры хъæуккаг Бекъойты Джиуæры фырт Амыран, си- дзæр лæппу. 1939 азы каст фæци Цхинвалы ахуыргæнджыты дыууæазон институт æмæ арæхстджьш кæм уыди, уымæ гæсгæ йæ кусынмæ барвыстой газет «Коммунисты» (ныр «Советон Ирыстон») редакцимæ. Фæлæ дзы бирæ нæ акуыста — Сырх Æфсадмæ йæм æрсидтысты. Уый тыххæй поэт йæ иу æмдзæв- гæйы фыста: «Цæй, хорзæй баззай, ды, мæ бæлон, Æз дын Сырх Æфсадмæ цæуын. Дæу та куы бафæдзæхстон абон Дадайæи, — уый бар дæ кæнын»... 746
Фыдыбæстæйоп хæет Амыраны æрыййæфта æфсады служ- бæ кæнгæйæ. Амыран уыдис поэт-лирик. Уый зæрдæбьшæй, зæлланг хъæлæсæй зарыди Ирыстоны хæхтыл, колхозоп бы- дырытл, нæ дугыл... Амыран уыди асæй рæ-стæмбис, гуыбырдзæф, цъæхдзаст, мыдгъуыз сæры хъуынтæ. Мемæ хæлар уыд, йæхицæн мæ æф- сымæр загъта, ницы мын сусæг ;кодта. Чызг уарзон ын уыд æмæ-иу мын афтæ дзырдта, кусьш, дам, куы райдайон, уæд, дам, ус æрхæсдзьшæн. Чысыл рæстæг акуыста редакцийы. Иу очерк ныффыста Чъехы колхозы тыххæй. Фæлæ йæ уалынмæ æфсадмæ акодтой æмæ йæ уæдæй фæстæмæ нал федтон. 1942 азы мард фæци знаджы лæмьигæй Мæскуыйы цур тохты. Бирæ цы Ирыстоны уарзта, уымæ нал æрыздæхтис, йе ’мгæртты рæн- хъы нал ацыд, аив, лирикон æмдзæвгæтæ .нал ныффыста. Амыран бирæ уарзта йæ Райгуырæн бæстæ, хъæбатыр Сырх Æфсады. Уый тыххæй йæ иу æмдзæвгæйы афтæ фыста: Уæлахиз Сырх Æфсад! Мæхи йас дæ уарзыи, Дунейы æфхæрдтæм дæ кад у бæрзонд. Мæ æвзонг хъæлæсæй дæ кадыл æз зарьш, Хъайтарон Сырх Æфсад, дæдтын дын мæ цард. Æмæ, æцæгæйдæр, йе ’взонг цард радта Райгуырæн бæстæ æмæ советон адæмы тыххæй — фыдгул знагыл фæуæлахизы хъуыддагæн. Тынг фæмаст кодтон мæ цæрынхъуаг æрдхорд æфсымæр Амыраны мæлæтыл æмæ йæ ломыл иыффыстон æмдзæвгæ «Нал æрцыдтæ», зæгъгæ, ахæм еæрлмæ: Мæнæ уый та йæ текст: Нал æрцыдтæ <сау фыдбойнаг хæстæй, Ме ’нхъæлмæкаст дзæгъæлы фæци. Нал æрцыдтæ ныр дæуæй куыд зæгъоп, Де ’рцыдмæ куыд нæ уал кæнон цин? Кæд, миййаг, зын ран дæ ком ныссури, Æмæ «дон мын авæрут» дзырдтай. ,Уæд куыннæ, куьшнæ фæдæн дæ цурьг Тохы стыр бон, ме ’фсымæры хай! О, дæ рынтæ бахæрон, æрдхорд лæг, ’ Содобон цардыл чи кодта фæндтæ, Афтæмæй цæрьш кæмæн нæ ба.нтьют, Чи нæ федта рухс фидæн сæумæ! * Чи зоны, дæ ингæныл ысзади Хъæдгæрои пæлæхсар тулдз бæлас. Чи зоны, мæйрухс æхсæв йæ быны Уарзæттæ кæнынц адджы.н иыхас. 747
Уарзон чызг дæуæн дæр уыд куырдуаты... Халасау йæ сæры хил ысурс. «Уый æрцæудзæн», — адæмæн куы дзырдта, Уый «омыл, дам, баддзынæн æнус. Дуарæхгæдæй баззади дæ хæдзар... Фæлæ нæу æдзæрæгдон, дзæгъæл. Хъæубæстæ дзы бакодтой дæ номыл Ног кæсæадон — зæрдæйы дæгъæл. Æз дæ хъæумæ арæх цæуын, арæх, Абан дæр ма де ’рцыдмæ бæллынц Де ’мкоймæгтæ, де ’мцахъхъæнтæ, адæм Алы хатт дæ хорзы кой кæнынц, Бекъойты Амыранау сидзæрæй схъомылис Едысы хъæук- каг Хæмыцаты Иваны фырт Георги дæр. 1920 азы цъаммар меньшевиктæ Хуссар Ирыстонмæ куы ’рбабырстой, уæд ын йа» фыды амардтой æмæ сабитæ цалдæрæй сæ мады ’вджид баз- задысты. Фæстæдæр йæ мад дæр амардис æмæ сидзæр сывæл- лæттæ уæзæджы къæйыл баззадысты, се -’ввахс хæстæджыты даринаг фесты. Георги райдиан скъола каст фæци сæхи хъæуы æмæ авдазон скъола та Цхинвалы горæты. 1939 азы ахуыр кодта Цхинвалы педтехникумы дыккаг курсы, афтæмæй йæм æраидтысты Сырх Æфсадмæ. Цыдис ыл æнудæс азы. 1941 азы мард фæци Фыдыбæстæйон хæсты фрон- ты. Георги афтæ рæсугъд æмæ сыгъдæг дзырдта иронау, афтæ мæлгъæвзаг уыд, æмæ йæ йе ’мбæлттæ уый тыххæй булæмæргъ хуыдтой. Георги уыди хъæлдзæг, цардбæллон, æмгаруарзон. Иухатт ы>н сæрды каникулты техникумы дирекци самал кодта Дзауы курортмæ путевкæ лæвар. Цыбыр рæстæджы мидæг йæ- хи бауарзын кодта æппæт курортдзаутæн йæ хорз уагахастæй: ацæргæ улæфджытæй-иу исчи куы цыди курортæй, уæд-иу æй афæвдараст кодта, кæмæн та-иу йæ чумæдан хæосынмæ дæр фæкасти, лæггад сын кодта. Улæфджытæ-иу дзы куы хицæн кодтой, уæд-иу, рагон зонгæтау, йе ’фцджыты тыхстысты, хъæ- быстæ йæ кодтой. Хæмыцаты Георги удыхъæдæй куыд хорз адæймаг уыди, афтæ фысгæ дæр хорз кодта. Хæххон лæппу уæвпæйæ, рæсугьд æрдзы хъæбысы хъомыл кодта, ,æмæ йæ зæрдæйы арф æвæрд- та бæрзонд хæхты, алæмæтон кæмтты æмæ фæзты нывтæ æмæ куыд рæсугъд сты, афтæ сыл рæсугъд æвзагæй зарыди. йæ иу æмдзæвгæйы «Бадтæн рындзыл», зæгъгæ, уым поэт зæгъы: Бадтæн рындзыл, кастæт коммæ, Дон, хæлхæлгæнгæ, цыди. Уый, хæрдгæбыдау, æрттивгæ, Дуртыл, къæдзæхтыл хылди. 748
йæ кадæг «Зæронд Сæрмæт» журнал «Фидиуæджы» мы- хуыр куы ’рцыд, уæд æй чидæриддæр бакаст, уыдон зæрдæмæ тынг фæцыд. Кæцыфæнды куплет дзы сисай, кæрæй-кæронмæ дзы зыны поэты æрмдзæф, архайы арф хъуыдытæ цыбыр дзырдтæй зæгъыныл, йе стих зæлланг кæны, у æнцонæмба- рæн,' -адæмон æвзагмæ хæстæг лæууы. Æз дæн Сæрмæт, зæранд Сæрмæт, Мæн бадомдта мæ царды мæт. Мæ .ивгъуыд цард—зæрдæйæн марг, й,æ бонты таг — зыд калмы ’взаг. Уыдтæн ма æз уæ карæн раст, Мæ риуы сыгъд æгæрон уарзт. Мæ зæрдæ — арт, мæ фæнд — тыхджын, Хъаруйæ — ард, мæ дзырд—ныфсджын. Цæхæрау — зонд, куыстуарзаг — уонг, Хъæстæлвæст — конд, цæргæсау— рог. Хæмьщаты Георги æрыгон лæппу уыдис, советон дуджы райгуырдис, уæззау цард нæ федта йæхи цæстæй, фæлæ хæх- хон адæм революцийы агъоммæ цы зын цард кодтой, уыдæгтæ хъуыста зæронд фæлтæрæй æмæ уыдон ныхæстæм гæсгæ ныф- фыста кадæг «Зæронд Сæрмæт». Ацы кадæг фыст у, раздæр, паддзахы дуджы ирон адæм æвæндагæй куыд тыхетысты, мæ- гуыр цард куыд кодтой æмæ Советон хицауады фæрцы æфсæн- вæндаг куыд еарæзтой Гурæй Цхинвалмæ, уый тыххæй. Æф- сæнвæндаджы арæзтады Георги йæхæдæг дæр активон хайад иста. , Хæмыцаты Георги уыди фæскомцæдисон. Уый фыста æм- дзæвгæтæ, поэмæтæ, мыхуыры йын цыдысты газеттæ «Ленино- ны», «Коммунисты» (ныры «Советон Ирыстон»), журнал «Фи- диуæджы» фæрстыл, фьюджыты уацмысты иумиаг æмбырд- гæндты. Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд фæсивæд иууыл- дæр аивылдысты фронтмæ. Æрыгон поэт, Гудисы хъæуккаг Ходты Бетърейы фырт Хазби хæсты райдианы дзырдта: «Ме ’мбæлттæй ам ничи уал ис, æмæ æз Дæр фронтмæ цæуын», зæгъ- гæ. Æмæ йæм кæд æфсадмæ нæма сидтысты, уæддæр йæхæдæт дуырдиат балæвæрдта æфсæддон къамисариатмæ æмæ барвæн- донæй ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уыцы бонты поэт фыста: Æрмæст уый — сау фашизм, мæнгард, Кæны нæ зæхмæ нын фыд хъавд. йæ хъæлæс — гам, уæд йе ’взаг — марг Æмæ йыл бафтыдтам цъæх арт. 749
Бырсы нæм уый, фæлæ йæ сæр Нæ цыргъ кардыл фæкалди ныр. йæ цæфæи исы цæф дывæр, Иæ туггарй фестад фурд, быдыр! Æрыгон патриот йæ сисы бырынкъæй æмæ цыргъ джебо- гъæй рæхуыста фыдгул знаджы зæрдæ тохы быдыры. Хазби йæхиуыл бирæ куыста, бæрзонд кодта йæ фыссæ- джы дæоныйад, ахуыр кодта ирон адæмон сфæлдыстад æмæ йын уымæ гæсгæ бантысти иу къорд хæрзгъæдджын уацмысы сфæлдисын. йæ кадджытæн сæ хуыздæр у «Будзумар». Уый у ирон адæмон сфæлдыстады бындурыл конд, æвзагæй хъæздыг, дæсны фыст, æнцонæмбарæп. Ратшæлыны аккаг ма сты йе ’мдзæвгæтæ «Ленинæн», «Ирыстои», «Булат», «Мæ райгуырæн хъæу» æмæ æндæртæ дæр. Хазби рæхстис æмбисæпдтæ фыс- сынмæ дæр. Чызтау рæсугъд уыди Хазби, хæххон æрдз, ыи схай кодта уыцы рæсугъддзинад: сатæг-сау æрфгуытæ, худгæ цæстытæ, дæргъдзæсгом, бæзджын æмæ сау сæры хъуынтæ. Асæй — бæр- зонд æмæ хæрзконд, рæхснæггомау. Кусынмæ та иууыл диссаг уыд: куыддæр-иу æй скъолайæ сæрды каникулты ауагътой, афтæ-иу сæхимæ, Гудисмæ сфардæг, æмæ бæрзонд æфцджыты фæтæнты хос карста схъæлфындз цæвæгæй, мæхъитæ кодта æмæ мæкъуылтæ амадта. Ходты Хазби хæсты райдианы ацыд фронтмæ æмæ ’ уыцы аз æнудæсаздзыдæй мард фæци Райгуырæн бæстæйы сæрыл тохы знаджы нæмыгæй. 1964 азы Хуосар Ирыстоны чингуыты рауагъдады Хазби- йы æвзæрст уацмыстæ мыхуыры рацыдысты хицæн чиныгæй «Æмдзæвгæтæ», зæгъгæ, ахæм сæримæ. Ирои чиныгкæсджытæй къаннæг радзырд «Дыууæ’ æфаи- ры» чи иæ бакаст, æмæ уый кæй зæрдæмæ нæ фæцыд, ахæм, æвæццæгæн, нæй. Уыцы радзырды автор у Тъехты Читъейы фырт Барис. Æрыгон курдиатджын фыосæг дæсны æвзагæй, æнæуæлдай ныхæстæй, йæ чысыл радзырд «Дыууæ æфсирыл» дзургæйæ, равдыста хæххон адæмы æвадат цард, æнæ зæхх куыд уыдысты æмæ дыууæ æфсиры тыххæй фыд æмæ фырт куыд фесæфтысты, куыд ахаудтой къæдзæхæй. Радзырд «Дыу- уæ æфсиры» авторæй ,афтæ зæгъæн мс, æмæ уый стыр курдиа- ты хицау кæй уыдис, дæсны прозаик дзы рауадаид. Барис уы- ди нывгæ>нæг дæр, ахуыр кодта Ирыстоиы .адæмон ’ нывгæнæг Тугъанты Махарбегмæ. Тъехты Барис райгуырди 1920 азы Цхиивалы районы, Тъбеты хъæуы. 1937 азы Барис авдазои скъола каст фæци æмæ уыцы аз ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндон- мæ. Цыппæрæм курсы ахуыр кодта, афтæмæй йæм æрсидтыс- ты Сырх Æфсады рæнхъытæм. 750
Барис фыста яемдзæвгæтæ, радзырдтæ, пьесæтæ. Йæ фыс- тытæ мыхуыр цыдысты журнал «Фидиуæджы», газет «Комму- нисты» æмæ фысджыты уацмысты иумиаг æмбырдгæндты. Йа: радзырдты хуыздæр «Дыууæ æфсиры» цалдæр хатты мыхуыр уыдис иумиаг æмбырдгæндты æмæ хицæн чиныгæй дæр. Барис æфсады бацыди Коммунистон партийы рæихъытæм. 1943, азы мард фæци Фыдыбæстæйон хæсты фроаты. Асæй «ыллæг лæппу уыди Барис, нарæгуæхск, фæлæ цырд, уæнгтæрог æмæ цæхæрцæст, бæзджын «сæры хъуынтæ йын уьь дис, фылдæр æнæхудæй цыдис. Барис фылдæр хатт ахуыркæнынмæ Тъбетæй Цхинвалмæ цыдис æмæ-иу худæгæн дзырдта: лæхицæй горæтмæ дыууæ- рдæм къахæй цæуын æмæ фæдæлæмæдзыд дæи, уæлæмæ рæз нал схастон. Барис нывкæнынмæ хорз рæхсти, фæлæ, хъыгагæн, йæ конд нывтæй ницы уал баззади-с. Барис фыста æмдзæвгæтæ дæр. Немыцаг æфсæдтæ Мæску- мæ куы бырстой, уæд фыста патриотикон æмдзæвгæтæ: Зæрондæй, ’нахъомæй да> адæм Хæцынц хъаруджынæй куыд иу. Иæ фæндаг рыхгæдтой ызнапæн, Цæвынц ьгн ’науæрдон йæ риу. («Мæекуы») , Æндæр æмдзæвгæ «Кавказ», зæгъгæ, уым та фыста: О, райгуырæнбæетат, æфсымæрон адæм. Дæ еæрмæ ды ма схæсс цагьары къæлæт. Нæ тохы тырыса бæрзонддæр ысдарæм, Знаг тугæн туг фидæд, мæлæтæн — мæлæт! Советон Цæдисы Хъæбатыр Милдзыхы Хадзы-Мырзæйы тыххæй та йын мæнæ ахæм рæнхъытæ фыст пс: Бæрзонд хох Хъазбегыл цъæх мигъы мур нали, Зæрин хур ыл уафы йæ тынтæ æнгом. О, Иры бæгъатыр домбайриу, сырх уари, Йæ риуыл æнусмæ /ныффыста »дæ иом! («Хъайтарæн».) Уæлдæр цы æрыгон фысджыты кой ракодтам, уыдонимæ иумæ (иурæстæджы Фыдыбæстæйон хæсты хайад истой æм,а? Райгуырæн бæстæйы сæраппонд сæ сæр нывондæн æрхастой æндæр курдиатджын фысджытæ дæр. Куыд зæгъæм: Мæргъи- 751
ты Дзиндзолы фырт Ясон (1919—1943), Цоциты Сардойы фырт Герсан (1921—1943), Къæбулты Бибойы фырт Елиоз (1919— 1941), Бæззаты Хъулагъары фырт Кавказ (1920—1943), Гасси- ты Падойы фырт Георги (1914—1943), Магкаты Тимофейы фырт Алихан (1911—1944), Тыджыты Сачинойы фырт Ефим (1916—1944), Чилæхсаты Пъауле æмæ Гæбæраты Никъала. Æртындæс цæрынхъуаг лæппуйы, æртындæс æрыгон фыс- сæджы хæсты быдырæй нал æрыздæхтысты... Уыдон тох кодтой знаджы ныхмæ джебогъ æмæ сисæй.
Гаглойты Владимир ДОДОТЫ ХЪÆУЫ ТОХЫ БÆЛЦЦÆТТÆ Ныййарæ,г къæу, фыды уæзæг, мæ фыдæлты цыртытæ. Цы- д>æр æхцон, цыдæр зынаргыстут æмæ кæмфæнды ма уон, æдзух- дæр мæ уæхимæ сайут. Æмæ та уæм æрцыдтæн ногæй... ...Лæууын Додоты къуылдымыл, Тедойы къулыл... Хъæугæрон... Ацы ранмæ, армытъæпæнау, зыны æгасæйдæр мæ хъæу. Ацы ранмæ æнусты размæ хуыздæр цардагур æрбахаудта хъæуы фыдæл Дадо. Чи уыд Дадо, гъе, кæцон, уыцы сусæгдзинад рæс- тæг бамбæхста йæ роны. Ныццагъта хъæд, скодта къуылдымыл цæрæнуат. йæ фæстæ ардæм æрцыдысты æндæртæ. Иры хæх- тæй фынддæс мыггаджы минæвæрттæ æмæ ацы ран, æфсымæр- тау, æрцардьксты фæрсæй-фæрстæм мыггагæй. Афтæ сæвзæрд Додоты хъæу ам æмæ хъæуæй, зæрдæйы тугдадзинау, фæхицæн фæчдаг. Дæлæ фæндаг... Исдуг комырдæм фæраст, стæй ахызт æр- дузты, (Гакъон-макъон ,ауад, лыстæг пыхс къутæрты æхсæнты атындзыдта, фæхæрд, ногæй та фæраст æмæ æппæт х’ьæуты фæндæгтæ иумæ кæм баиу сты, уыцы стыр фæндаджы риуыл бафтыдта йæ сæр. Фæндаг... фæндаг... Ацы ранæй райдыдта мæ хъæуы стыр фæадаг æвæджиауы дукемæ. Ацы фæндагыл æнус-æ’нусты фæцыдысты нæ хъæуы разагъта фæсивæд фыдæй-фыртмæ, гъе, цардагур бæлццæтты, гъе, лæджытъæды хъазуатмæ, гъе, та стыр торæтмæ зонд æмæ рухсдзинад хæосынмæ. Ацы æгъуыстаджы фæндагыл иу хатт, рагуалдзæджы, тæр- гæ бæхæй æрбахæццæ фæдисон æмæ мæнæ ацы ранæй ныхъ- хъæр кодта: «Зæронд дугæн æрхæццæ ,ис йæ адзал, цы фестут, 48* 753
æххуырст æмæ цагъайраг, уæ гæрзтæ тагьддæр райсут æмæ рацæут 1сæр|Ибары хъазуатмæ!» Æмæ фенкъуыстис сæ хъæу. Разагъта фæсивæд æрбабас- той сæ гæрзтæ æмæ фæцыдысты сæрибары сæрыл уæлахизы фæдисмæ... ...Фæцыдысты, зæронд дугæн рахастой сæ тæрхон, ныосас- той цагъарады рæхыстæ æмæ фыццаг хатт ацы фæндагыл æр- хастой сæрибары тырыса, Ленины рæстдзинад. Уæдæй нырмæ фервæзтис йæ хъизæмæрттæ æмæ йæ фыдцардæй мæ хъæу. Сæ- рибары хур мæ хъæуыл парзхатæй рдааст... Сæрыстыр дæн мæ хистæр фæлтæрæй абон! Сæрыстыр дæн! Уыцы разагъта фæсивæд фыццаг хаттæрæ- вæрдтой мæ хъæуы ног цардæн бындур. Фыццаг хат сарæзтой окъола æмæ æрбахастой рухсдзинад мæ хъæумæ. Уыдысты уы- дон фыццаг фæскомцæдисонтæ, стыр Ленины партийы минæ- вæрттæ мæ хъæуæй. Стæй сарæзтой колхоз, »слæууыдысты йæ сæргъ. Ныссагъ- той æфсæн гутон хуымы, фехæлдтой æнусты дæргъы адæмы æхсæн хæрамдзинадтауæг ауæдзты æмæ фыццаг хахх акодтой колхозы быдыры. Стыр фæндтæ, стыр бæллицтæ сæм уыд... ...Фæлæ сын ;иу тар æхсæв аскъуыдысты æрдæгыл... Арвыл ныгуылæны ’рдыгæй сау мигътæ фæзынд æмæ æр- бахæццæ сты мæ хъæуы сæрмæ дæр. Æнæмæт, тар фынæй кодта нæ хъæуы фæсивæд уыцы æвир- хъау æхсæв. Лæппу фæоивæд сæ фыны сæ уарзæтты уыдтой, ногусджынтæ кæрæдзи хъæбысты амоадджынæй бафынæй сты дысон. Цæмæй зыдтой, фæстаг æхсæв, фæстаг хъæбыс кæй уы- дзæн, уый. Цæмæй зыдтой, куы ’рбабон уа, тугкæй ныууардзæн сæ сæртыл. Æхсæв боны ’рдæм фæкъул, ныууасыдысты уасджытæ, цьь дæр знæтæй нын<ниудтой куыйтæ. Цадæггай йæ тарф фынæйæ райхъал хъæу... ...Райхъал... Фыййау хизынмæ атардта йæ фос. Адæм тын- дзыдтой куыстмæ. Аходæнафонæй ахызт, афтæ горæтæй æрбахæццæ фæдисон æмæ мæнæ ацы къуылдымæй ныхъхъæр кодта: — Цы фестут, Додоты фæсивæд, фыдгул знаг æрбабырста нæ бæстæм, бахъуыд <сæр, æмæ стыр хъазуатмæ рацæут! Тохы фæдис, арвы нæрдау, айхъуьист уысммæ, цыма ныл- лæууыд цард, рæстæджы цалх йæ тæккæ ’рдæгыл аскъуыд. Стæй фенкъуыст хъæу. Хъуыды ма йæ кæнын, чысыл лæп- пу уыдтæн уæд æз, куыд ’ныууагътой адæм быдырты сæ куыст æмæ фæдисы куыд згъордтой хъæумæ. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Æмæ мæ хъæу а-ны- гъуылд уыцы æв,ирхъау хæсты хуыдымы. Мæ хъæуы разагъта фæсивæд ныууагътой сæ биионты æмæ фæцыдысты Фыдыбæстæйы сæрыл, мæ хъæу Додоты рæсугъд 754
фидæны сæрыл, сæ мадæлтæ æмæ сæ сабиты цыфыддæр знагæй бахъахъхъæныны сæрыл тугкалæн хъазуатмæ. Додоты хъæуы æгасæй дæр цæры æртындæс хæдзары. Уы- донæй Фыдыбæстæйон хæстмæ ацыд сæдæ дыууæ разагъта лæппуйы. Уæззау æмæ æвæджиау уыди Додоты хъæуы бæлццæтты тохы фæидаг. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Ирыстоны разагъта’ фæсивæдимæ Советон Æфсады рæнхъыты, æфсымæрон адæмты фырттимæ иумæ, уæхски-уæхск фæхæцыдысты фашистон сырд- тимæ æмæ сæ тугæй бахызтой сæ фыдыуæзæджы, сæ. иубæстон адæмы. Додоты хъæуы тохы бæлццæттæй Фыдыбæстæйон хæс- ты иууыл тынгдæр чи басгуыхт æмæ йæ адæмæн кад æмæ на- мыг чи скодта, уыдон сты: флстæг æфсады батальоны коман- дир майор Уанеты Сергойы фырт Алекси, фистæг æфсады ба- тальоны командир майор Санахъоты Естъайы фырт Герсан, механизацигонд æфсæддон хайы командир майор Плиты Росе- йы фырт Сослан, фистæг æфсады батальоны командир майор Цхуырбаты Абро, бæхджын æфсады эскадроны командир хистæр лейтенант Плиты Гигайы фырт Илуша, саперон хайы командир капитан Чилæхсаты Апаллон, бастдзинады ротæйы комаадир хистæр лейтенант Зæгъойты Андойы фырт Ясон, артиллерист хистæр лейтенант Гаглойты Сосейы фырт Аким, хæдтæхæгыскъæрæг Зæгъойты Яков, капитан Плиты Хъазбегг фистæг æфсады афицер Тедеты Уанкъайы фырт Серги, артил- лерист лейтенант Чилæхсаты Алекси, сæрмагонд æфсæддон хæйтты хжтæр лейтенант Уанеты Сергойы чызг Оля, афицер- тæ: Зæгъойты Уанкъайы фырттæ Ясон æмæ Серги, Гаглойты Гæбилайы фырт Гиго, политрук Плиты Томайы фырт Серги, старшинæ Гаглойты Сосейы фырт Григол (Гигуц), разведкæ- гæнæг кæстæр лейтенант Санахъоты Ердийы фырт Серги, раз- ведкæгæнæг старшинæ Зæгъойты Федыр, Джиджджойты Къос- тайы фырттæ: сапер старшинæ Вася æмæ нгофер Алекси, ар- тиллерист рæнхъон салдат Санахъоты Падо, старшинæ Цхуыр- баты Ладо, лейтеыант Санахъоты Дианозы фырт Резо, старшч- на Плиты Уаскъа, старшина Санахъоты Даукъайы фырт Сер- ги, лейтенант Санахъоты Иосифы фырт Барис æмæ æндæртаз. - Фæлæ æвæджиау уæззау уыд Фыдыбæстæйон хæст Додоты ф’æсивæдæн. Стыр тæркуады фæстæ нартхоры хуым куыд быгъ- дæгæй аззайы, афтæ быгъдæгæй баззадысты хæсты фæстæ До- доты хъæуы уынгтæ. Сæдæ дыууæ тохы бæлццонæй сæ фыды- уæзæгмæ <нал æрыздæхтысты æртиссæдз хъæбатыр хæстоны. Кавказы хохрæбынтæй суангдæр Берлинмæ хæстон фæн- датыл сты Додоты разагъта фæсивæды æбæрæг ингæнтæ. Æвæдза, æгæр стыр зиан уыд уый иу хъæуæн. Æ1ниу Ирыс- тоны алы хъæуы дæр къаддæр зиæнттæ ж ’рцыд. Раджы фæци Стыр Фыдыбæстæйои хæст. Раджы байгас сты хæстьт уæззау хъæдгæмттæ. Фæлæ нырма абон дæр иæ рох 755
кæнынц Додоты хъæубæстæй се ’дзард зынгхуыст салдæтты рухс нæмттæ. Нæ рох кæнынц, æмæ нæ дæр удыгæстæн уый бар ис æмæ сæ хъæбулты, <се ’фсымæрты, сæ фыдты рухю нæмттæ ферох юæ- ной, Бынтон бындурзылд фæци Уанеты Сергойы уæзæг. Серго- йы уæзæгæй хæстмæ ацыдысты йæ дыууæ фырты Алекои, Ваня •æмæ йæ чызг Оля. Алекси уыд æхсарджын командир — уыд майоры чины. Командæ кодта фистæг æфсады батальоныл, йæ хъæбатырдзинады тыххæй райста цыппар хæстон ордены æмæ фондз майданы, 1944 азы иу карз хæсты фæци уæззау цæф. йæ фыдыуæзæгмæ ма йын æрыздæхын бантыст, фæлæ сау мæ- лæт йæ кæнон бакодта. Иу мæйы фæстæ амард, уымæй чысыл фæстæдæр æрыхъуыст хистæр «сержант Ваняйы мæлæты хабар дæр тохы быдырæй. Фыд нæ баурæдта уæззау маст æмæ фæци зæрдæскъуыд. Сергойы чызг Оля Советон Æфсады сæрмагонд хæйттимæ хæцгæ фæцыд суангдæр Берлинмæ æмæ цалдæр хæс- тон хорзæхимæ, хистæр лейтенанты чины æрыздæхтисйæ фыды- уæзæгмæ. Фæлæ йе ’фсымæрты æмæ йæ фыды æвирхъау хабар куы базыдта, уæд фæстæмæ аздæхти æфсады рæнхъытæм. Авд хæстоны ацыд Пикъаты хæдзарвæндагæй тохы быдыр- мæ. Санахъоты Герсан уыд фистæг æфсады æхсæг полчы коман- дир. Курдиатджын æф^сæддон разамонæг. Ахуыр кодта Ново- черкасскы, 1933—36 азты служ’бæ кодта Ленинграды æфсæддон юкруджы арæнхъахъхъæнæг хæйтты рæнхъыты. Цалынмæ хæст нæ райдыдта, уæдмæ куыста Цæгат Кавказы æндæр æмæ æндæр хæдзарадон бæрнон бынæтты. Хæсты райдианы ацыд ^фронтмæ. Каст фæци г. Орджоникидзейы æфсæддон ахуыргæ- нæндон. Хайад иста Хуссар фронты æфсæддон хæйтты »сконды знаджы ныхмæ карз тохты Хъырымы зæххыл. Уыд æхсæг бата- льоны командир, фæци уæззау цæф. Хуыосыд Пятигорскы рын- ’чындоны. Иу мæй йын ушæфт радтой, фæлæ уадидæтæн фæстæ- мæ аздæхт фронтмæ. Нысан æрцыд 106 хæххон-æхсæг æфсæд- дон къорды командирæй. Иæ къорд лæууыд Эльбрусы районьт, сæрмагондæй та Твибер æмæМестиайы æфцджыты рахизæнтыл 1942 азы сентябры мæйæ :суангдæр 1943 азы райдиаимæ. Гер- сан цы æфсæддон ’хайæн командæ ’кодта, уый хъæбатырæй хæ- цыд штлерон хæххон-æхеæг дивизи «Эдельвейс»-ы ныхмæ 1942 азы кæрон. Уыцы дивизи хъавыд хæхтыл Фæскавказмæ рахи- зын, фæлæ не ’фсæдты хъæбатыр æмæ лæгдзинады руаджы дæ- рæн æрцыд Эльбрусы хохрæбынты. Уыцы æвæджиау хъæбатыр тохты хайадисджыты тыххæй Кæсæг-Балхъары Автономон Рес- публикæйы Бæстæзонæн музейы кусджытæ æртымбыл кодтой бирæ ахсджнаг зонæнтæ. Уыцы зонæнтæй куыд бæрæг у, æмæ ’музейы зонадон кусæг О. Опрышко куыд фыюсы, афтæмæй ие 'мзæ,ххоп Санахъоты Герсан цы æфсæддон хæйттыл команд,о 756
кодта, уыцы хæйттæ æвæджиау хъæбатырдзинад равдыстой Эльбрусы районы тохты. Знаг уыцы районы дæрæн куы æ,рцыд, уæд фронты коман- дæкæнынад Герсан æмæ æндæр командиртæн бахæс кодта, цæмæй æвæстиатæй ахызтаиккой æфцæлыл æмæ æнæнхъæлæ- джы му фæцæфæй бацахстаиккой г. Налцыкк. Уыцы хæс иттæг арæхстджьинæй сыххæст кодта Санахъойы фырт. Уый тыххæй йæ нæкомандæкæнынад схорзæхджын кодта «Сырх Тырысайы» орденæй. Герсанмæ æфсæддон арæхстдзинад кæй уыд, уый тых- хæй йын радтой майоры чин æмæ йын Цæгат Кавказы фронты кома’ндæкæнынад йæ бæрны бакодта æхсæг полкыл , командæ кæнын. 1943 азы сæрды гвардийы майор Санахъоты Герсан хъæба- тырæй мард фæци Новороссийскы горæты цур карз тохты. Æнæнтау уыд йæ юх Санахъоты Илойаж дæр. Хæсты <раз- мæ уыд, Стъаврополы крайы «Скакуны» колхоз чи сарæзта, уы- донæн сæ активондæртæй. Колхоз куы сырæзт, уæд цалдæр азы фæд-фæдыл уыд колхозы партион организацийы секретарь, фæс- тæдæр та колхозы правленийы сæрдары хæдивæг. Хæсты фыц- цаг бонты ацыд фронтмæ. Уыд хистæр сержант, ротæйы пар- торг. 1943 азы июны мæйы Цæгат Кавказы зæххыл Крымская- йы станицæйы сæрыл тохты фæци мæл,æтдзаг цæф æмæ нал фервæзт. 1943 азы сæрды Ныгуылæн фронты карз тохты фæмард Пи- къайы æртыккаг тохы бæлццон Христафор дæр, уыд рæнхъон салдат. Уыцы аз æбæрæг сæфт фæкодта цыппæрæм æфсымæр сер- жалт Ерекле дæр. Хæсты размæ Додоты хъæуы партион органи- зацийы секретарь, йæ адæм æмæ йæ Фыдыбæстæйыл æнувыд салдат. Хæстæй ма йæ ныййарджытæм æрыздæхтис Димитр. Хæсты размæ службæ кодта Сырх Æф^сады рæнхъыты. 1941 азы кæрон карз тохты уæззау цæф фæцис æмæ йæ фыдыуæзæгмæ куы æрыздæхт, уымæй иу мæйы фæстæ уый дæр амард. Пикъайы тохы авд бæлццонæй ма»сæ фыдыуæзæгмæ æрыз- дæхын бантыст Герсаны бинойнаг Надеждæ æмæ Барисæн. Надеждæ службæ кодта æфсæддон рынчындоны, уыд меди- цинон службæйы кæстæр лейтенант. Санахъоты Барис — Пикъаты хæдзарвæндаджы æвдæм то- хы бæлццон, хæсты размæ ахуыр кодта нывкæнынады аивадон Академийы. Хæсты райдиаиæй суангдæр хæсты фæудмæ уыд хæцæг æфсады рæнхъыты. Уыддесантон хæйтты, авиацийы, фис- тæг æфсады. Æрыздæхт цалдæр хæстон хорзæхимæ лейтенанты чины. Хæсты фæстæ Барискастфæци Академи æмæ ныртæккæ у ирон нывкæнынадон аивады зынгæдæр архайджытæй, Гуыр- дзыстоны Республикæйы аивадты сгуыхт архайæг. 75?
Хъæбатырдзмнад æмæ лæгдзинадæй фæстæ нæ фæлæууы- дысты Санахъоты Гришы æртæ фырты Алекаи, ИванæмæГиор- ги. Иван хæсты размæ каст фæци Мæскуыйы Тимирязевы но- мыл Академи æмæ куыста Ленинграды цур фосдарды стыр сов- хоз «Волхово»-йы директорæй. Æрхаста бинонтæ. Хъуамæ йæ ныййарджытæм æрцыдаид йæ ус æмæ йæ чысыл лæппуимæ. Ра- гацау сæ дзаумæттæ рарвыстой, фæлæ йæ фыдыуæзæгмæ æрцæ- уыны бæсты Иван амидæг фронты хæцæг æфсады рæнхъыты. Фыццаг уыд фистæг æфсады ротæйы командир, фæстæдæр та командæ кодта батальоныл. Уыд ныфсхаст æмæ арæхстджын командир. йе ’фсæддон хаимæ хæцгæ фæцыд суангдæр Варша- вæйы онг, æмæ хъæбатырæй мард фæци Варшавæйы горæты æвирхъау уынгон тохты. 1944 азы мард фæци Иваны -æфсымæр Алекси дæр. Гришы тохы æртæ бæлццонæй ма æрыздæхтис æрмæстдæр Георги. Æбæрæг сæфт фæкодтой Иваны бинонтæ. Хæсты уæззау тымыгъ сæ йæ базыртыл фæхаста æмæ кæмдæр æбæрæг ран ба- сусæг сты. Бафæллад æнхъæлмæ кæсынæй лæппуйы мад Олен- *ка йе ’дзард хъæбултæм. Зоны Оленка, йæ тахы бæлццæттæ кæм- дæр хæсты зынгæй кæй басыгъдысты, фæлæ уæддæр ныййарæ- джы зæрдæ не ’ууæндыд. Иæ ныфс сæттын нæ бакуымдта æмæ æнхъæлмæ каст. Æнхъæлмæ каст, уымæн æмæ ныййарæг мадæн нæ амæлы йæ хъæбул, фæлæ йæ зæрдæйы цæргæйæ баззайы амæлæты бонмæ. Æмæ æиæхъуаджы нæ фæци йе ’нхъæлмæ каст ныййарæг мадæн. 1965 азы, æртæ æмæ ссæдз азы фæстæ, фæзынд Оленка- йы æнæзонгæ сæфт хъæбулы хъæбул, Иваны фырт. Æртæ æмæ ссæдз азы фæстæ мад федта фыццаг хатт йæ хъæбулы хъæбулы. Нырма абон дæр æнхъæлмæ кæсы Зæгъойты Нуцайе ’фсы- мæры сидзæр лæппутæ Ясон æмæ Сергимæ. Нуца базæронд, саугуырм баци, фæлæ æрвыл райсом дæр рацæуы хæдзары къулмæ, сбады дурыл æмæ кæд уыегæ ницы уал кæиы,1 уæддæр йæ цæстæнгас скæны ракæсæны къуылдыммæ æмæ хъусæй ахсы бæлццæтты къахы уынæр. Æмæ та адзуры йæ чындзмæ: — Акæс-ма, Хъотиан, чи æрцæуы, нæ лæппутæ ма уой. Афтæ æнхъæлмæ фæкаст хæрз æрæджыйы онг Дзигойты сидзæргæс Магда дæр йæ лæппутæ Баграт æмæ Григолмæ. Æн- хъæлмæ каст фондз æмæ ссæдз азы, фæлæ иыййарæджы зæрдæ нал бафæрæзта æмæ фæци зæрдæскъуыд. Нал федта йе ’ртæ фырты: Серги, Хъасбол æмæ Григолы, гъе, йе ’фсымæр Илушайы Плиты Тома дæр. Сæ фыдыуæзæгмæ нал æрыздæхтысты Цхуырбаты Чикъо- йы тохы дыууæ бæлццоны Виктор æмæ Граф дæр, Тедеты Уан- къайы тохы дыууæ бæлццоны лейтенант Серги æмæ сал- дат Хъасболат, Санахъоты Лади æмæ Федыр (Федыр ма уæззау низимæ æрыздæхт, фæлæ æгъатыр низ йæ кæнон бакод- та).' 758
Чи. уыдысты Додоты хъæуы тохы быдыры æдзард хæстон- тæ? Зæгъойты Уанкъайы фырттæ Серги æмæ Ясон, Плиты То- майы фырттæ Серги æмæ Къола, Санахъоты Ердийы фырт Сер- ги — уыдысты ахуыргæнджытæ, нæ рæзгæ фæлтæрæн зонд æмæ царды фæндагамонджьгтæ (Плиты Серги уыд Зары астæуккаг скъолайы директор, хæсты хæдагъоммæ йæ кусынмæ акодтой партийы Цхинвалы райкоммæ). Уыцы æмбæлттæ ма 1941 азы фæстаг хатт рауагътой, афтæ бирæ, афтæ тынг кæй уарзтой, уы- цы сабиты. Ныффадзæхстой сабиты, цæмæй сæрды хорз баулæ- фой æмæ ног ахуыры азы ног тыхтимæ æрывналой ахуырмæ. Фæлæ сын уый фадат нал фæци. Зæгъойты Серги — бæзæрхыг лæппу-лæг, сабыр зонд. æм- гæртты уарзон. Хæст куы райдыдта, уымæй фондз боны раздæр æркодта йæхицæн царды æмбал. Фæлæ йæ уарзонимæ сæ кæрæ- дзийы уарзтæй æххæст нæма бафсæстысты, афтæ фæцыд тохы быдырмæ, хъæбатырæй хæцыд, æмæ 1943 азы иу уæззау тохы йæ цард аскъуыди æрдæгыл. Нæ рох кæнынц Додоты колхозонтæ сæ хъæуы колхозы правленкйы сæрдæрттæ Плиты Уаскъа æмæ Илушайы. Зондджын æмæ арæхстджын разамон-æг уыд Плиты Уаскъа, фондз азы бæрц фæкуыста колхозы сæрдарæй. Æнувыд уыд йæ хъæубæстыл, царвау тади адæмы ристыл, æнæхин, стырзæрдæ адæймаг. Бирæ фæндтæ йæм уыд йæ хъæуы рæсугъд фидæны сæрыл, фæлæ йæ фæндтæ аскъуыдысты 1942 азы Цæгат Кавка- зы зæххыл. ч Иæтох æгъуыстаг уыд Зæгъойтьг Андойы фырт Ясонæн дæр. Фæлтæрд хъæбатыр хæстон, уыд бастдзинады æфсæддон хайы командир. Тох кодта Сталинграды. Мæлæтдзаг цæф фæци Ста- линграды уынгон тохты иу ахсджиаг æфсæддон хæс æххæстгæн- гæйæ. Бынтон æвзонгæй ацыд хæстмæ Плиты Самул, Додоты фæ- сивæды уарзондæр, хъæуы фæюкомцæдисон организацийы сек- ретарь. Сидзæр лæппу, цæрдæг, алцæмæ арæхстджын. Хæст цы аз райдыдта, уыцы уалдзæг барвæндонæй фæзылд Додоты ад* гуыты, фæндаггæрæтты æмæ кæмдæриддæр хъæддаг фæткъуы, кæрдо æмæ балы бæлæстæ ссардта, уыдон ныннамхъени кодта. Ничи дæр ын зæгъгæ кодта, ницы дæр йæ куыстымыздмæ æр- домдта. Бæлæстæ схæцыдысты, адджын дыргътæ сыл зайы. Абон дæр сæ Самулы кæрдотæ, балтæ æмæ фæткъуытæ хонынц. Сал- дат фæцыд Фыдыбæстæйон хæстмæ æмæ йæ фæстæ йæ адæмæн ныууагъта йæ диссаджы дыргътæ. Хæсты уыд разведчик. Цал- дæ’р хатты басгуыхт, фæлжиухатт, йæ хæстон хæе æххæст кæн- гæйæ, ахызт фронты сæрты, ахсджиаг зонæнтимæ æрбацæй- здæхт фæстæмæ, фашистон æрхъулайы бахауд æмæ æнæмсæр тохы хъæбатырæй мард фæци фыдгул знаджы нæмыгæй. Стыр æнтыстытæ уыд æхсæг ротæйы командир лейтенант Тедеты Уанкъайы фырт Сергийæн дæр. Каст фæци Зары астæук- 759
каг скъола, уыд иыфсджын æмæ æхсарджын афицер. Иу æмæ дыууæ хатты,нæ баегуыхт йæ рота хæсты ’быдыры, иу æмæ дыу- уæ хатты нæ райста кад æмæ æхсардзинады хорзæхтæ. Фæлæ иу «æвирхъау хæсты йæ ротæйы джебогъæй тохмæ куы акодта, уæд мæлæтдзаг цæф фæци тохы быдыры. Стыр лæгдзинад равдыста лейтенант Санахъоты Ердийы фырт Серги дæр. Къухдариуæг лæвæрдта разведкæгæнджыты къордæн. йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыД цалдæр хæстон хорзæхæй. Мард фæци 1945 азы иу ахсджиаг æмæ зын æххæстгæнæн разведкæйы рæстæджы. Æвддæсаздзыд лæппуйæ ацыд Фыдыбæстæйон хæстмæ Са-' нахъоты Естъайы фырт Серги дæр. Зары астæуккаг скъолайы фарастæм къласы ахуыр кодта. Диссаджы æвзыгъд уыд г^ате- матикæ æмæ музикæмæ. Æвæодæгæн, хæсты быдыры куынæ ба- сыгъдаид, уæд афонмæ стыр ахуыргонд рацыдаид. Нырма йæ фындзы бын хилтæдæр нæрахæцыд, йæ мид-зæрдæйы йæхпцæн уарзон чызг дæр еæма равзæрста, афтæмæй хæсты арты ба- сыгъд. Фронтæй цы фыстæджьгтæ æрæрвыста йæ ныййарджытæм æмæ йе ’мбæлттæм, уыдонæй куыд бæрæг у, афтæмæй уыд сар- мадзаны командир, хорзæхджын уыд дыууæ хатты. йæ иу фыстæджы фыста йæ мадмæ: «Мæхи гыцци, æвæдза диссаг у цард. Зоныс æй дæхæдæг, чысылæй фæстæмæ тугæй кæй тарстæн, æпæрыстæмæй нæхимæ карк дæр кæй никуы ар- гæвстон... Фæлæ ныр астæумæ туджы бахаудтæн. Марын... Лæг- мар дæ«... Нæ дæр мæ фæндгæ кæны искæи марын, фæлæ афтæ домы хæст, афтæ домыс, æвæццæгæн, ды дæр æмæ нæ хæстон командиртæ дæр... Æз куынæ амарон знаджы, уæд мæ амардзæн йæхæдæг. Знаг та карз æмæ æлгъаг у, никæуыл ауæрды, нæдæр сабитыл, нæдæр зæрæдтыл æмæ йæ æз куынæ амарон ам, уæд. ныххæццæ уыдзæн дæумæ дæр æмæ дæ амардзæн-..æмæ, зоныс, гыцци, мæ кæддæры фæлмæн, тæригъæдгæнаг зæрдæ ныр ныд* дур исриуы, æфсæйнагау бахсыст æмæ хатыр нæ зоны знагæн...> Уый ма уыд йæ фæстаг фыстæг Сергийæн йæ мадмæ, æрырвыс- та йæ 1943 азы уалдзæджы... Стæй салдаты æртæтигыж фыста^- джытæн сæ кæрон æрцыд. Уыцы фыстæгæй иу мæйы бæрц ра- цыд, афтæ хæсты быдырæй йæ сау гæххæтт æрцыди. Хъусын кодта Сергейы æфсæддон хай лæипуйы мадæн, дæ фырт карз хæсты хъæбатырæй кæй фæмард æмæ йæ æфсæддон командакæ- нынад йæ амæлæты фæстæ кæй бавдыста хæстон хорзæх рай- сынмæ. Цыбыр уыд Сергейы цард. Цыбыр, фæлæ сыгъдæг æмæ рæ- сугъд. Стъалыйау фсрттывта æмæ уадидæгæн басыгъд хæсты арты. Басыгъд Сергийы фыды æфсымæр Леки дæр йе ’фсымæры хъæбулау. Додоты хъæуы колхоз чи сарæзта æмæ уый фæстæ намысджынæй колхозон быдырты фæллой чи кодта, уыцы фæси- ваеды хуыздæртæй. Йæ фыстæджытæй бæрæг у, 1944 азы сæрды ма хæцæг æфсады рæнхъыты кæй уыди, цалдæр хатты кæй фæ-' 760
цæф æмæ та-иу ногæй фронтмæ кæй ацыди, стæй йæ фыстæ- джытимæ йæхæдæг дæр æбæрæг сæфт фæкодта. Фесæфт стыр хæсты цæхæры Чилæхсаты Апаллон дæр,сапе- рон ротæйы командир. 1939 — 1940 азы Гурæй — Сталинирмæ æфсæнвæндаг куы арæзтой, уад фæндаджы арæзтады иу фадьг джы хистæр уыди.Фыста æмдзæвгæтæ, очерктæ, радзырдтæ, роман дæр ын æрдэагфыстæй баззад. Æвæццæгæн дзы хорз фыюсæт рауадаид. Фæлæ хæсты быдыры æрдæгыл аскъуыди йæ курдиат. Басыгъдысты хæсты цæхæры Тедеты Герсан æмæ Вася дæр. Герсан — минаметæй æхсæг, Вася та — хæдтæхæпскъæрæг. 1941 (азы Вася йæ фыд Миштъамæ фыста: — Мæ зынаргъ фыд, дысон сарæзтон мæ дыууып фарастæм атахт. Знаджы хæстон тыхтыл бомбæтæ æркалдтон æмæ æрба- цæйздæхтæн фæстæмæ. Æнæнхъæлæджы бахаудтæн знаджы артиллермйы зынджы астæу. Мæ хæдтæхæтæн фæцæфис нæ ба- зыр. Мæхæдæг дæр рог цæф фæдæн. Фæлæ уæддæр æрбаирвæз- тæн æмæ æрбадын кодтон мæ хæдтæхæг. Нæ командир мæ рап- пæлыд. Абон мын сцалцæг кодтой мæ хæдтæхæджы базыр... Æвæццæгæн та ахсæв атæхдзынæн ног хæс æххæст кæнынмæ...» Чи зоны,уыцы æхсæвы ата^хтйæ фæстагатахт уыди Тедеты лæшгуйæн, чи зоны ма уый фæстæ дæр цал æмæ цал хатты æр- калдта бомбæтæ фыдгул энæгтыл. Фæлæ нал фæзьшд... Фыстæджытæ... фыстæджытæ, салдаты æртæтигъон фьистæ- джытæ... Рæстæг сыл йæ дæрзæг арм æрæвæрдта, фæлæ нæй уы- донæн фесæфæн. Уыцы фыстæджытæ м,а сты салдаты фæстаг сулæфт, фæстаг фæдзæхст, фæстаг зондамонæн фыстæджытæ йæ бинонтæн, йæ хъæбултæн. Аст æмæ ссæдз азы дæртъы цæсты гагуыйау æфснайдæй лæууынц’ кæстæр лейтенант Санахъоты Дианозы фырт Резойы фыстæджытæ йæ цардæмбал Манимæ... Кæсын æртæтигъон фыстæджытæ æмæ мæ цæсты раз фев- зæрд диосаджы адæймаг, цард æмæ хъæбулуарзаг хъæбатыр салдаты фæлгондз: «Зынаргъ Мани, — фыста 1941 азы сæрды Резо йæ биной- нагмæ, — ныууагътон дæ æнахъом сабитимæ. Зонын, тыхсдзы- нæ. Фæлæ бафæраз, ныббыхс, зындзинæдты абырс. Æндæр гæ- нæн дзы нæй. Бæргæ нæм царды фæндтæ уыд, фæлæ нæ хæст бахъыгдардта. Мæ фæндаг даргъ æмæ уæззау кæй уыдзæн, уый хатын. Фæндаг та нæхимæ Берлиныл цæуы. Æмæ дæм зындзьг нæн. Æ’Нæмæнг дæм зындзынæн, æнхъæлмæ кæс... Курын дæ, мæ хъæбултæ Дæ фæдзæхст... 12. 8. 1941». ...Цæуынмæ хъавæм фронтмæ. Былдауæн ныфсытæ дын не '<вæрын. Мæ туджы уый нæй. Хæст уæззау æмæ æвирхъау у. Зо- нын, кæдæм цæуын, уый. Уым скъуыддзаг цæуы Фыдыба^ста- йы хъысмæт... Дæу æмæмæсабиты хъысмæт. Тох карз уыдзæн... Мæхи дзы нæ бамбæхсдзынæн... Фæлæ цы нæ вæййы... мыййаг 761,
исты... (æниу мæууыл хъуыды кæнын нæфæнды), фæлæ дæ ку- рын, мыййаг исты хабар *суы æрщæуа, — де ’онг-иу ма ауадз. Æмæ-иу дæ зæрдæйы дзурьщтыл м.а фæу. Сæрыстырæй-иу дæхи равдис... Мæ лæппутæ нырма чысылтæ сты... Мацы-иу сын зæгъ, сæ сонт зæрдæ фæрисдзæн. Куы байрæзой, уæд-иу сын радзур, чи уыдис сæ фыд, куыд бирæ сæ уарзта... Æмæ уыдон царды тыххæй кæй фæцыди хæсты быдырмæ... 16. 9. 41 аз. ...Ныр дыууæ боны стæм фæндагыл, къаввда йæ уарынæйне ’нцайы. Нæ уарзын къæвда бонты. Лæгыл цыдæр æнтъыснæг бафты... Афæдзы афонтæй иууыл фылдæр уарзын уалдзæджы. Уалдзæг куы æрцæуы, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма ногæй рай- гуырдтæн... Гъей, джиди, ^æвæдза, куыд адджын у цард. Фæлæ цард рæсугъд уæд вæййы, сæрибар, æнæмаст куы вæййы. Аф- тæмæм зыны, цыма хæст царды рæсугъд цæсгомæй адавта уал- дзæджы æмæ цалынмæ знаг йæ мæлæт не ссардта, уæдмæ нал æрыздæхдзæн уалдзæт. Цæуæм знаджы дзæмбытæй уалдзæджы байсынмæ. Мæ хъæбултæ дæ фæдзæхст... Æнхъæлмæ кæс... 8. 10. 41 аз. ... Стæм Краснодары зæххыл. Дыууæ боны карз тох кодтам знаджи’мæ. Мæ хæстонтæй æртæ амард, мæхи къухæй сæ баны- гæдтон... Цыма мæхи хъæбултæ уыдысты, афтæ сыл фæрыст мæ зæрдæ. Ех, цард, цард, куыд адджын ,тæ, фæлæ куыд зынаргъ... 1942 аз, фæззæг». Æмæ цас æмæ цас сты ахæм фыстæджытæ. Цал æмæ цал тохæн уыдысты æвдисæн. Фæлæ Резо йæ бинонтæм йæхи тохы хабæрттæ никуы ныффыста, фыста æрмæстдæр йæ хæстонты тыххæй, Советон Æфсады æнтыстыты тыххæй. Йæ фæстаг фыс- тæг ма æрырвыста Керчæй, стæй фыстæджытæн сæ кæрон ас-' къуыд. Цал æмæ цал басгуыхт Додоты хъæуы тохы бæлцæттæй’ хæсты быдыры, гъе, фæлæ дзы цалæн басусæг сты сæ тохы хъæ- батырдзинæдтæ æмæ æбæрæг сæфт фæкодтой сæхиимæ хæсты арты мидæг. Хæст карз æмæ æгъатыр уыд. Фæлæ нæ рох кæ- нынц абон дæр Додоты хъæубæстæй се ’тъуыстаджы хæстон- тæ. Сæ ном сын хъæубæстæ æрымысынц цины дæр, хъыджы Дæр. Хæстæй уæззау цæфтæ æмæ сахъатджынтæй æрыздæхтысты Зæгъойты Паулейы фырттæ Къоста æмæ Михакъа, Чилæхсаты Никъала, Тедеты Арон, Санахъоты Федыр, Тъехты Граф, Уана, Санахъоты Никъифор, Снахъоты Федыр, Никъифор æмæ Зæ- гъойты Къоста цалдæр азы фæтох кодтой æгъатыр низы ныхмæ. фæлæ сау мæлæт йæ кæнон бакодта... Уæлдæр кæй кой ракодтон, уыдонæй ма хæсты быдырæй сæ тохы хабæрттæй чысыл цыдæртæ æрыхъуыст. Фæлæ Додоты хъæуы тохы æдзард фæсивæдæн сæ фылдæрæн басусæг сты сæ тохы хабæрттæ. Уыдон нæмттæн та æнæрымысгæ нæй. Уыдон 762
уыдысты: Тедеты Цамелы фырт Никъала, Уанеты Сергойы фырт Иван, Гаглойты Сосейы фырт Сардо, Зæгъойты Николозы фырт Серги, Санахъоты Даукъайы фырт Серги, Цхуырбаты Алексийы фырт Серги, Санахъоты Иваны фырт Самсон, Зæгьойты Захары фырт Елиоз, Зæгьойты Месторы фырт Гигуца, Санахъоты Да- тикъойы фырт Аслан, Санахъоты Бришкайы фырт Сардо, Чи- лæхсаты Григол, Чилæхсаты Гигайы фырт Алекси, Санахъоты Алекси, Плиты Къоста, Санахъоты Садул, Санахъоты Ерекле, Санахъоты Самсон, Зæгъойты Кудзайы фырт Серги, Чилæхсаты Иликъойы фырт Митуша, Зæгъойты Хъапланы фырт Серги, Плиты Къоста æмæ бирæ æндæртæ. Æбæрæг тохы фæндæгтæ... Æбæрæг ингæнтæ. Кæмыты сты ныгæд Додоты фæсивæды хуыздæртæ, уый абоны онг бæстон бæрæгæп ничи зоны. Цæуы рæстæг. Азтæ ивынц азтът. Додоты хъæуы байрæзтис ног фæсивæд, сæ хистæр фæлтæрæи аккаг чи у, ахæм фæсивæд. Лæууын Тедойы къуылдымыл æмæ кæсын дæлæмæ мæ хъæу Додотмæ. Дæлæ бынæй хъазьшц сабитæ. Сæ худын, <сæ хъæлæ- ба хъуьисы. Худынц, райынц цардæй, еæ фыдæлтæ, сæ хистæр æфсымæртæ сын сæ тугæй кæй балхæдтой, уыцы амондджын цардæй. Уыдон нырма хæрз æрæджы райгуырдысты. Нæ зонынц, цы у æвирхъау хæст. Иæ зоныйц, чи уыдысты сæ хæрзгæнджытæ. Æнæмæт сты, æвæлмас. Æрмæстдæр сæ хистæртæй фехъусынц тохы быдырæй чинæуал æрыздæхтис, уыдои нæмттæ. Æмæ сæм уыцы ныхæстæ та аргъæутты хуызæн кæсынц. Хъазут æвæлмасæй, сабитæ. Макуы фехъусут хæсты æвир- хъау хабар. Сымах кары уыдыстæм мах дæр, фыццаг хатт хæс- ты кой куы фехъуыстам. Аргъæутты хуызæн нæм каст. Гъе, фæ- лæ мæ хуыздæр æмбал Плиты Гургёнæн йæ фыд Уаскъайæ сау гæххæтт куы æрцыд, уæд батади нæ мидбылхудт. Бамбæрстам, ’’ .хæст цы у, уый æмæ нæ бабатæ уым знаджы топпы нæмыгæй .мæлгæ кæй кæнынц. Цас фæкуыдтам уыцы изæр. Нæ карæй бæрæг фæасдæр стæм. Цард æгæр раджы æриста йæ хъарм хъæбысæй мæ карæн сабиты. Баивтам нæ ныййарджыты. Колхозы зындæр æмæ уæз- ’ заудæр куыстытæ æрынцадысты мах æдых уæхсчытыл. Афтæ домдта рæстæг. Æгьатыр уыд хæст. Нæ бабатæп æххуыс хъуы- ди фронтмæ æмæ сын мах дæр æххуыс кодтам. Зымæджы — скъоламæ, сæрды та — колхозы быдыртæм. Æмæ фæцис хæст. Фæцис. Куыдцин кодтам,,куыд радыстæм. НеЪзонгадныцъцъист хæеты уæзы бын. Ныр сулæфыдыстæм. Фæлæ бирæ нæ ахаста нæ цин. Уæлахизц стыр цинимæ Додоты хъæумæ æрцыд стыр маст. Нæ хъæуы фæсивæдæй тохы чи уыд, уыдонæн сæ бæрæг фылдæр куынæуал æрыздæхт, уæд нын стыр маст, калмау, æр- балхъывта нæ зæрдæты... Уа\цæй нырмæ рацыди æртæ æмæ ссæдз азы... Уæдæй ныр- 763
мæ бирæ ивддзинæдтæ æрцыди мæ хъæубæ,сты. Кæсын æмæ уы- нын: мæ хъæуы зынгхуыст фæсивæд цæмæ бæллыдысты, уый сæххæст. Сырæзт ног скъолайы агъуыст, иу стæм хæдзæрттæй фæ,стæма? хъæуы фæзынд ног хæдзæрттæ. Бæллыдысты ’нæ фæси- вазд хæсты ра^мæ хъæумæ электроны рухсытæ æрбауадзынмæ* Ныр алы хæдзары дæр рухсытæ, радио. Уынгтæ цæхæр калыкц, раивта адæмы цард, фæхъæздытдæр, фæрæсугъддæр. Ыамысджыкæй фæллой кæнынц Додоты хъæуы колхозонтæ. Æвæлмас у сæ фын, ирд рæсугъд — сæ фидæн. Додоты хъæуы хистæр фæсивæды кæстæр фæдонтæй дыууæ, майортæ: Зæгъой- ты Иособы фырт Георги æмæ Санахъоты Гришы фырт Амыран сты Советон Цæдисы арæнхъахъхъæ’нæг заставæты хистæртæ, Цырддзаст, æрхъуыдыджын æмæ арæхстджын арæнхъахъхъæ- нæг æфсæддон хæйтты разамонджытæ. Санахъоты Амыраны хъæбатырдзинады тыххæй иу æмæ дыууæ хатты иæ фыстой централон газетты. 1966 азы 28 майы «Известяйы» Амыраны хъæбатырдзинады тыххæй фыста дæлбулкъон П. Шариков йæ очерк «Æхсæвыгон фæдис», зæгъгæ, уым. Стыр æмæ намысджын сты Додоты хъæуы фæсивæды тра- дицитæ. Уыцы традициты хъуамæ ма рох кæной, абон Додоты цы æвзонг фæсивæд хъомыл кæиы, уыдон. Куыд хъæлдзæг æмæ куыд цардбæллон уыдысты уыцы фæсивæд. Æрвыл изæр- иу сæ зарын æмæ сæ фæ’ндыры хъæр никуы аскъуыд, сæуд,сæ дзæцц уыд спектаклтæ æвæрьш, цынæ хъæлдзæг ныхас-иу ра- кодтой. Æниу, æвæдза, цард та чи уарзта уыцы фжсивæды хуы- зæн. Æмæ куы бахъуыд сæр, уæд .куыдфæраздæронæй фæцы- дысты уыцы рæсугъд царды сæрыл лæгдзинады хъазуатмæ. Уыцы фæсивæд уыдысты р.аззагон куысты дæр, ахуыры дæр, фæдисы дæр. Уарзтой сæ кæрæдзи иу мады фырттау. Æв- зæр ныхас, æнæуаг ми никуы бакодтой. Зыдтой хистæрæн кад, æмæ цыт дæдтын. Лæггад кæнынмæ та сын æмбал нæ уыди. Æмæ ныхас абоны æвзонг фæсивæдыл куы æрхауы, уæд, хъыгагæн,сæхистæр фæлтæры фæзминаг традициты ферох код- той. Æмæ уыдонæн та уый бар ’нæй, /сæ хистæр фæлтæры æдзард тохы бæлццæтæ сьш æй ’нæ ныххатыр кæндзысты, сæ фæндыры хъæр, <сæ хъæлдзæг худын æмæ цардмæ сидæг зар- джытæ Додоты къуылдымты тæрттыл куы байсысой, уæд. На? сын ныббардзьисты; цы рæсугъд цард ссарæзтой, цы диссаджы традицитæ ныууагътой, уыдонæн пыры фæсивæд аккаг фæдон- тæ куы нæ разыной, уæд. Нæ хъæуы тохы бæлццæттæй чи нæ уал æрыздæхт, уыдон кады сæрыл нæ фæцыдьисты æгъуыстаджы хъазуатмæ, фæнды- ди сæ, цæ»мæй сæ фæстæ чи баззайа, цæргæйæ, уыдон цард са- разой рæсугъддæр æмæ уыдонæн та сæ ном ма ферох уа. Гъе, фæлæ абон ферох ж сæ фæдзæхст. Ферох ис, хæстæй с^æрæгасæй чи æрыздæхт, уыдонæй дæр >сæ тохы æмбæлтты фæ- дзæхст. Æниу, æвæдза, чи зоны, уыдон сæхицæй уый нæ домд- 764
той. Фæлæ удæгæстæи уый бар нæй æмæ афтæ æнæрхъуыды разыной. Дзырд цæуы ’Додоты къуылдымыл сæ разагъта æдзард хъæбултæн иумæйаг æфсымæрон цырт саразыныл. Додоты хъæ- уæй бирæ интеллигенци рацыд, гъе, стæй æндæр æмæ æндæр дæсныйад кæмæ ис, ахæм фæсивæд. Гъе, стæй хъæубæстæ сæ- хæдæг дæриумиаг тыхтæй хъуамæ кады цырт саразойсе’дзард хæстон бæлццæттæн хъæуы бæрæг астæу. Уадз æмæ цæргæйæ баззайой иемæ, уадз æмæ нæ оæ тохы æхсар æмæ лæджыгъæд разæнгард кæна куыстмæ, цардмæ. Уый та зын саразæн нæу. Æз ацы уацы æрдзырдтон æрмæстдæр Ирыстоны хъæутæй сæ иу — Додоты фæсивæДы тыххæй. Фæлæ Ирыстоны кæцы- фæнды хъæуы райс, кæмдæриддæр: Хъорнисы æ,ви Дзауы, Цъунары æви Цъинагары, Арцеуы æви Дменисы, Хъæдгæроны æви Дзуары хъæуы, Даргъ-Къохы æви Уналы, алы хъæуæн дæр хæст æрхаста æвирхъау зиæнттæ. Ирыстоны хъæбатыр фæси- вæд се ’хсар æмæ сæ лæгдзинадæй сæ хайбавæрд бахастой æп- пæтадæмон иумиаг хъуыддагмæ, адæймагады цыфыддæр знаг — ’немыцаг фашизмы иыддæрæн кæныны хъуыддагмæ. Лæууын Тедойы къуылдымыл æмæ мæ сагъæстæ сæ уæл- ныхты систой. Кæсын мæ хъæумæ <æмæ райы зæрдæ. Оæрыстыр дæ’н мæ хъæуæй. Сæрыстыр дæн нæ хъæуы тохы бæлццæттæй. Куы бахъуыд сæр, уæд Ирыстоны разагъта фæсивæдимæ иумæ мæ хъæуы фæсивæд дæр стыр хъазуаты кæй нæ баззад фæсте- йæ, кæй æрхастой фарн æмæ уæлахиз. Кад æмæ уын цыт, мæ хъæуы æгъуыстаджы хъæбатыр салдæттæ! .
ЧИНЫДЖЫ ФЫЦЦАГ ТОМЫ ИС: Г а гл ой т ы Вл. Ирон ладакы æхсар æмæ лæгдзинад (уац) 3 Д з а д т и а т ы Т. Плиты Иссæ (Плиты Иссæ) . . 11 Цугулиты Е. Абайты дохтыр (Абайты Иракъли. Пу- хаты. Ал. тæлмац) . • . . . 31 Хъуылаты Ч. Елхотаг рæстдзæвин (Адырхаты Му- раткæ) 35 Д ’Ы м е н Б. Агънаты дохтыр (Агънаты Владимир) . 37 Дзадтиаты Т/ Дзаккойы хорзæхтæ (Айдарты Дзакко) 4! Толпарты С Лæджы сæр куы бахъуыд, уæд (Айлар- ты Илларион, Еналдыты Настя) 45 У ы р ы м т ы П. Уынгæджы бон (Æлбегаты Барис) . 49 Плиты И. Æхсарджын танкисты сгуыхтдзинæдтæ (Æлборты Димитр) .... 52 Пæррæстаты Ал. Ирон чызджы сгуыхтдзинад (Æл- борты Тамарæ) . . • 36 Мæргъиты Д. Æхсарджын лейтенант (Багаты Евген) 59 Джыгкайты Ф. Æмбæлтты ингæны цур (Багаты Малак) 64 Богазты У. Фæлтæры намыс (Байаты Георги) . . 68 ’Г аглойты Н. Æхсарджын хæстон (Басаты Хазби) . 73 Дзуцщаты Д. Хæстоны фæндаг'(Бæззаты Малаки) . 78 Бæдоаты А. Гвардиои хæцæнгарз — гвардионы къух- ты (Бæтæгаты Солтанбег) . 81 Пухаты И. Хæсты хьайтар (Бегалов Владимир) . . 85 Пухаты Пъ. Йæ рахиз цонг дæр нæ бавгъау кодта (Бежанты Димитр) ..... 39 Пухаты Пъ. Рæстдзинады салдат (Бекъойты Алекси) . 93 Дзугаты Г. Гъей, джиди, исчи! (Бгкъойты Елиоз) . 97 Л азарты X. Бинонты хъысмæт (Беккуызарты Та- солтан) 104 Дзадтнаты Т. «Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд» (Бутаты Куыта) .107 Багаты Б. Уаелахизы фæндаг (Бондаренко Иван) . . 110 Тыджыты Ю. Булкъои — бæгъатыр (Борзаты Мæ- хæмæт) . . . . .113 707
Майсурадзе Д. Тохы цæхæры (Борцвадзе Ладо. Пухаты Ал. тæлмац) .... Асаты Р. Сæ ном мыггагмæ у цæринаг (Бырнацты Алыксандр) . Бæщ’иаты А. «Цы мын дзырдта æнгуз бæлас» (Гæ- бысты æфсымæртæ) .... Пухаты И. Æхсарджын булкъон (Гаглойты Никъала) Га гл ойты Вл. Сосейы тохы бæлццæттæ (Гаглойты Аким, Гаглойты Григол) Дзугаты Г. Джебогъ æмæ сисæй (Гаглойты Федыр) Æл^борты X. Куысты уа. тохы — .иударон (Гаглойты Уасил) Г агло’йты Вл. Цард æмæ тохы фæндæгтæ (Гасситы Виктор) Хъуылаты Ч. Цардвæндаг — хæсты цæхæры (Гасси- ты Федыр) Харе^баты М., Тасойты И. Уæлæуыл баззадис сæ ном (Гасситы æфсы- мæртæ) Хæтæгты С. Дæ сæрæй йын акув (Гæвызты Фацбай) Джиоты К- Полчы командир (Гæбæраты Харитон) Дзигойты Г. Уæлладжыры комы (Гæбæраты Реуаз) Плиты И. Райгуырæн бæстæйы патриот (Гæбæраты Бесæ) Пухаты И. Фыдыбæстæйон хæсты ветеран (Гæджиты Иван) ....... Г окоты X. Æмæ цæргæйæ баззадысты не '.хсæн (Гæз- дæнты æфсымæртæ. Гаглойты Вл. тæлмац) М а м с ы р а т ы М. Цæуыл дзурынц хорзæхтæ (Гæздæн- дæнты Аслæнбег) .... Созанаты Ел. Æвддæсаздзыд чызг — лейтенант (Гæлуаты Тамарæ) .... Асаты Р. Мæздæджы цур тохты (Гелашвили Вла- димир) . Цхуырбаты И. Уый ауагъта Берлинмæ фыццаг нæ- мыг (Геладзе Леуан) Дз:ИГ0|йты Г. Æртæ зынгхуысты (Годжыцаты æфсы- мæртæ) Ар.болишвили А. Хæсты бахсидгæ хæлардзинад , (Гочиашвили Вахтанг) Гафез. Зы-ндоны фæндагыл (Гойаты Къоста) Г о л о т ы Вл. Знаджы фæсчъылдым(Гулиты Митъа) Бæциаты А. Гусаты Георы /хæцæнтæ (Гусаты Геор) . Б л у а т ы А. Æнусмæ хъуысдзæнис сæ зарæг (Датиты æфсымæртæ) Дзассохты М. Йæ рыстæй нæма банцад зæрдæ (Дыгуры æфсымæртæ) 768
’Ло а т ы Р." -Цыппар -вдзргæхы^ ахотон- (Джапаридзоты æфсымæртæ) • ; • П у х а т ы Пъ. Орден ссардта йæ хицауы (Джергаты Къоста) . Голоты Вл. Дыууæ хæсты салдат (Джиджджойты Ясон) . * . - . Пуха,ты Пъ. Хъæбатыр хæстон (Джиджджойты Алекси) Джиоты К. Тугæй.ахуырст æфсæддон чиныг (Джидж джойты Уасил) . . . . Дзугаты С. Дæ зæрдыл бадар хъæбатырты ном (Джи миты Петр) .... Гуыр/иаты М. Италийы ирон хæстон (Джиоты Алыгка) Хъодалаты Г. Æхсарджын коммунист (Джиоты с Къоста) . . . . Пухаты И. Кавказы хæхтæй Берлинмæ (Джиоты Тарас) . , . ... Гаглойты Вл. Тох æмæ куысты намысджын (Джиоты Соломан) Пухаты Пъ. Октябры æмбай (Джиоты Аким) П р а г-а Л. Адæмы амонды тыххæй (Джиоты Александр) Джиоты К- Фыдызнаджы топпы нæмыг (Джиоты Ягор) А с а 1 ы Р. Чи уыд, кæцон уыд Лабаз (Джиоты Лабаз) Пл,иты И. Мыггагмæ мысииаг фæлгоыдз (Джиоты Ге- 4 . орги) Хъуылаты Ч. Æмæ уæлахизæй æрыздæхт (Джыгкай ты Хъазбег) Наниты А. Царды сæраппонд (Дзабиты Савели) . Арбодишвили А. Хъайтары фæлгондз (Дзадтиаты Димитр) Плиты И. Ныфсхаст командир (Дзанайты Аким) Гуырдзыбеты Б. Фæстаг писмб (Дзæгъойты Гаврил] Гасситы В. Мзиуаг л,æппу (Дзеранты Ефим) Гаглопты Г. Царæфтыд æфсымæртæ (Дзигойты æф- сымæртæ) ГаглЬйты Вл. Куы бахъуыд сæр (Дзигойты Сарди) Асаты Р. Нæ, ды мард нæ дæ! (Дзоты Лазар) X а с а п т ы ’ Д. Цытопар сæфт хуры (Дзугаты æфсы- мæртæ) Ф æ р и и а т ы Дз. Уæззау фæндæгтæ (Дзукъаты æфсы’- мæртæ) Пухаты И. Салдаты хъысмæт (Дзуццаты Петр) Хъуылаты Ч. Полчы кад (Есенаты Хъасболат) Бялик Б.-Ирыстоны удæгас таурдагъ (Зæнджиаты Владимир. Букуылгы А. тæлмац) 49* 380 709
Богазты У. Уый бафыста йæ’хæс (Зæнажйаты Георги) 396 Гаглойты Г. Æфсымæрты -хъысмæт (Зæгъойты æф- сымæртæ) 401 Дзуццаты X.-Арвы хицау (Зыгъуыттаты Мухтъарбег) 309 Цхуырбаты И. Танкист (Икъаты Илья) . . . 413 Цæрукъаты Вл. • Олгинскæйаг -чызг (Калманты Олья) 415 Джыгкайты-Ф. Сывæллæттæ нæ фесæфтысты (Кар- санты Ахболат) .... 420 Козаты И. Фæцу æмæ-æрцуйы сЬæндагыл ГКозаты Шаликъо) 424 Л’асойты Б. Хъæбатыр «десантон (Козаты Георги) . 431 Андиаты М. Хъæбатыры фæндаг — иу тохæй иннæмæ (Кодзырты Хадзысмел) . . 433 Пухаты Пъ. «Александр Невскийы» ордены кавалер (Кокойты Григол) .... 438 Пуха.ты И., Пухаты .А. Медицинон службæйы дæл- булкъон (Кокойты Шалва) 441 Цхуырбаты И. Голландийы зæххыл (Кокойты Иосеб) 44(3 Цхуы’рбаты И. Къуернеттаг капитан (Коцты Георги) 449 Плиты И. Ирон адæмы хъæбатыр чызг (Коцты Зоя) . 45! Коцты Ю. Фидыдады салдат (Коцты Павлик) . . 453 Гаглойты Г. Зынгзæрдæ лæппутæ (Куросдовты æфсы- мæртæ) . . . . . .457 Ьогазты У. Дæ кад мыггагмæ у ’цæринаг (Кцойты Гагуыдз) 460 Асаты Р.’Кæм стут, мæ’ хæстон æмбæлттæ? (Кцойты Харитон) 469 Плиты И. Фæсивæды хъомылгæнæг (Куымæридтаты Хъырым) ....... 472 Цхуььрбаты И. Полчы командир (Къацты Лентъо) . 476 Бæциаты А. «Зарæгæн баззад >йæ ном» (Къалаты Сергей) 479 Гаглойты В. Къæбысты Никъайы хæцæнтæ (Къæ- бысты Никъа) 486 Харе’баты Л. Цæргæсбадæн (Къæбулты Михаил) . 490 Плиты И.. Хъайтартæ нæ мæлынц (Къудухты Елиоз) 495 Мыкагъаты Г. Ахæм у йæ удыхъæд (Лохаты Димитр) 498 Голоты Вл. Уый схъомыл Цхинвалы (Масалов Иван) 502 Г’оджыцаты Я- Цард фæхуыздæрæн (Мæргъиты Елиоз) .... . 505 1 асойты Б. Вазыгджыи фæндаг (Мæргъиты Дауьп) 508 Асаты Р. Ирон партизантæ Францы (Мæхъиты Алык- сандр) 511 Хъуылаты Ч. Дыууадæс хæрзиуæджы (Мæхъиты Михал) «511 Пухгты И. Æвидигæ ныфс (Медойты Петр) . ,518 770
Л аза’рты А." Н&хнДаДо (МуриатьГДадо) • . /’ ~ V ’ 623 Хъор-оты. С Мæ фыды æрдхорд (Наниты Владимир) 527 Секъииаты С. Сыэдæхт Беза дæр йæ хъæумæ (Ниг- коты Беза) . • . . . 532 Плит-ы И. Адæмы уарзон (Пæррæстаты Тотыр) . . 535 ПлиТ’Ы И. Аггаг фырт (Петриашвили Васо) . . 539 Мхаргрдзели С. Кавказаг. Æхсæз ордены кава- лер — гвардийы бул- къон (Плиты Филипп) 542 П л и т ы И. Революц’оинер — хæст-оны цардвæндаг (Плиты Михаил) 545 Дзигойты Г. Тугкалд дзæгъæлы нæ уыд (Плиты æф- сымæртæ) . . . . . . 549 Дзуццаты Д. Отставкæйы майор (Пухаты Йлья) . 554 Б а г а т ы Б. Ногæй -та — Хъырымы (Пъуричъамиа- швили Вахтанг) 558 Харебаты М., Пухаты И. Æнувыд адæймаг (Сана- хъоты Гри) . . . . .561 Прага Л. Дуджы аккаг чызг (Саламты Соня) . . 567 Голоты И. Ирыстоны чызг (Сæлбиты Верæ) . . 571 Дауыраты Д. Сидахъаты лæппутæ (Сидахъаты æф- * сымæртæ) • 575 Асаты Р. Хæстон æрдхорды цæстысыг (Сиктурашви- ли Ростом) • . 578 Новиков А. Сусæг хстых (Слонаты Алыбег) . » 582 Созæт ы А. Таболты дып,па,р æфсымæры (Таболты æфсымæртæ) 580 Тасойты Б. Фæстаг нæмыг (Тасойты Самсон) . . 592 Хъороты С. Политрук. (Тасойты Георги) . . . 594 Хъуылаты Ч. Зæрдæйы ностæ (Тауытты Данел) . . 599 Г а гл 9Й т ы Вл. Тедеты Викторы хæцæнтæ * (Тедеты ^ Виктор) 604 Гаглойты Вл. Салдат фæуæлахьз мæлæтыл æмæ йгг ■ уæзæгмæ æрыздæхт (Тедеты Дауыт) 008 Æлборты X., Хъодалаты Г. Хæстон фæндæгтыл (Тедеты Алыксандр) , . . ,612 Поциты Къ. Хæст фæуынмæ ма хъуыдис цалдæр боны (Тедеты Андрей) . ... . . 610 П у х а т ы Пъ. Хæст хЙайтар —сабырады хъахъхъæнæг (Тедеты Георги) . . . ... 01Я Цхуыр^б/а-ты И. Æфсæддон къамисар (Тедеты Павлик) 625 Гаглойты Н. Фыды фарн (Тедеты Бесæ) . . 627 Джио.ты К. КадьГ нуæстæ (Тедеты Таси) . . « 631 Пæррæстаты Ал. Хъайтар партизан (Тедеты Ясон) 635 Ц х у ы р б а т ы М. Уæлахиздзау (Тодиашвили Алек- сандр) 639 Цхуырбаты И. Иссæйы салдат (Уанеты Георги) . 643 77!
Чилæхсдты Л. Урсгалатджын Дæл’булкъон (Хæдарца^ ты Барис) 645 Пу-хаты И. Ацыд стыр хæстон фæндагыл (Хвостов Алексей) . Б æ д о а т ы А. Цыппар цæргæсы (Хетæгкаты Иосиф) Хъод.алаты Г. Уæззау хъæдгом (Ходты Георги) ХъаратыУ. Куыд вæййы^ды вæййы (Хъанайты Рая) Пухаты И. Цьшпар хæстон ордены хицау (Хуыбылты Никъала) Пухаты И. Ирон адæмы намысджын фырт (Хъæцмæз- ты Серги). М а м с ы р а т ы М. «Къуындзих фезмæлыд» (Хъæрæцаты Хадзыбечыр) Уырымты П. Æмæ зарæг систой адæм (Хъесаты æф- сымæртæ) Цхуырбаты И. Хэеххон цæргæс (Хъотайты Герсан) Мидодашвили Р. Аунеуаг лæппуйы сгуыхтдзинад (Хъуылымбегты Михаил) Сабанадзе В. Царды æмдзугæнæг (Цхуырбаты Людмилæ) • Асаты Р. Советон Цæдисы сгуыхт тæхæг (Цхуырбаты . Харитон) Ц.хуыр^баты И. Цъорбисаг пулеметчик (Цхуырбаты Владимир) ..... Пухаты Й. Партизаны фырт (Цхуырбаты Митуш) Асаты Р. «Сырх Тырысайы» æртæ ордены кавалер (Цхуырбаты .Серги) Мидодащвили Р. Ковлаконтæй сæ иу (Цхуырбаты Сарди) .... Пухаты Ал. Тохвæлтæрд партизан (Цоциты Уасил). Хъодалаты Г. Æрдуйы хидыл (Чертхъоты Ило) Т е г а ты С; Царды талат.æ (Ч.ибиты Хизир) Голоты Вл., Пухаты И. Хæстоны фæндаг (Чилæхса- ты Зелим) Асаты Р. Æвддæс хорзæхы (Чилæх^аты Владимтф) Гаглойты Вл. Чилæхсаты салдат (Чилæхсаты Симон) Мамс’ыраты М. Сæфт стъалыйы фæд (Чыпыраты Дзантемыр) .... С е к ъ и н а т,ы Э. Иосифыхæрзиуджытæ (Юрченко % Иосиф) ..... Плиты^И. Æртындæс зынгхуыст курдиаты . I аглойты Вл. Додоты хъæуы тохы бæлццæттæ
КОЛЛЕКТИВ АВТОРОВ ШЛА ВОЙНА НАРОДНАЯ (очсркп о прославлепных воинах на осетпнс^ом ячыке) Издательство «Ирыстон>^ Цхинвали —1968 бздспдæо бокэдзаозо аоас?обдлэ<По*$д ьдЬд<5?ьго <аэо (Со^^з-330^0 ^Ьзсг^з0^ Зз<г>3^з?)Ъз пЬ’д^ зооЪ^.) 2,оЗгоЗ(^зЗ ^сп&о ,,о6оЬспобп'- (зЬоБз^С0 ~~ 1968 Спец. редактор полковнмк В. Э. Гассиев Редакгор Вл. М. Гаглой1ы Художественный редактор А. Д. Ванеев Технический редактар В. А. Тедеева Корректор Д. С. Кумаргитова Сдано I- иаОор 31. VII 1008 г. Подписано к печати 11. XI 1968 г. Лакал .Мч Я05 |4зд. лнеюв 40. Гкчат. листов 48. Формат бумаги СОхЭО’Лв см. ЭТ 00344 'Тнраж 1000. ьк’л. Цена 1 руб. 60 коп. .Тшюграфиь ЛГЖ) Главполиграфпрома Государственног-о Комитета Сояо’ы ^Лллпстрон Гру’шмскои СС.Р по иечати. 1 Цхннваяи, ут. Моског.ская, 5
БАФИППАЙД РÆДЫДТЫТÆ Фарс 62 225 755 Рæнхъ 21 уæл. нывты бын 3 уæл. фыст у Гаглойы фырт Яшæ, Вася, Мишæ æртындæс хæдзары. кæсын æй хъæуы Багайы фырт Мишæ. Вася, Япзэ зсртпссæдз хæдзары