Text
                    Дыкка г
том
Рауагъдад
„Ирыстон"
Цхинвал —1970


Нача ферох, нацы ферох Чиныгаразæг — гвардийы отставкæйы майор- ПУХАТЫ И. Г.
РАЗНЫХАС Стыр Фыдыбæстæйон хæст уыди нæ уарзон Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæ* дадон хъомысад сбæрæг кæныны карз фæлварæн. Советон адæм æмæ йæ Гарз- джын Тыхтæ ленинон партийы къухда- риуæджы бын мидæггагон æмæ Стыр Фы- дыбæстæйон хæсты азты æппæт дунейæн фенын кодтой сæ хъомыс, æвæджиау стыр патриотизм æмæ пролетарон интер- национализмыл се ’нувыддзинад. Нæ бæстæйы хъахъхъæдадон хъомысад дарддæр фидар кæныны хъуыддаджы мах хъуамæ фæсивæды схъомыл кæнæм нæ парти æмæ нæ Райгиырæн бæстæмæ уар- зондзинады æнкарæнтыл, цæмæй цæт- тæ ой, <сæ тых æмæ сæ цардыл æнæауæрд- гæйæ, хъæбатыр, лæджыгъæд æмæ æхса- рæй Фыдыбæстæйы бахъахъхъæнынмæ- Нæ кæстæр фæсивæды мидæггагон æмæ æддагон хæстыты хъæбатыр тради- цитыл схгомыл кæнын у партион æмæ советон организациты сæйраг хæстæй иу. Уыцы хъуыддаджы Ирыстоны пропа- гандисттæн, агитатортæн, партион æмæ фæскомцæдисон организацитæн бæлвырд æххуыс фæуыдзæн ацы чиныг — «Зæххыл рæстагон хæст цыдис». Аннæрдыгæй та фысджыты, оюурналист- ты æмæ зонадон кусджыты* кадджын хæс у, нæ райгуырæн бæстæйы сæрибар- дзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыцыхъæ- батыр хæстонты нæмттæ сынусон кæнын, мидæггагон æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæстыты хайадисджытæй абои удæгас чи 3
у, уыдон кой та зæрдæхæларæй ракæиын. Гъе, уымæ гæсгæ арфæ зæгъын хъæуы рауагъдад «Ирыстон»-æн Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты тыххæй æртæ то- мы рауадзын кæй фæнд кæны, уый тых- хæй. Советон Æфсад йæхицæн стыр ном скодта контрреволнщи æмæ æддагон ты- хæйисджыты ныхмæ тохты. Мингай хъæ- батыртæ æиувыдæй тох кодтой Стыр Ок- тябры социалистон революцийы фæуæла- хизы сæрыл. Æвзонг Сырх Æфсад, мæ- гуырау хотыхдэюынгонд уæвгæйæ, æхсар- джынæй цыди хæстон хотыхтæй ’иттæг 1ынг хотыхджынгонд урсгвардион^ æф- сæдты æмæ фæсарæйнаг иитервентты ныхмæ, æмæ йæ къухты æфтыд иу уæла- хиз иниæйы фæдыл мидæггагон хæсты фронтты. Уыдон уыдысты æцæгæй дæр нæ парти, нæ адæмы æмæчæСырх Æф- сады æппæтдунеон историон уæлахиз- дзииæдтæ. Советон Æфсад ’аккаг ныхкъуырд рад- та провокаторты тохтæн Скæсæн китайаг æфсæнвæндаджы, Хасаны цады цур- Халхин-гол æмæ Карелийы къубалæджы хæстыты. Фæлæ советон адæмы æмæ йæ хъæба- тыр æфсады героикон традицитæ уæлдай ирддæр раргом сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты. Рацæудзысты æнустæ, фæлч> нæ ферох уыдзысты Мæскуыйы цур, Ста- линграды, Одессæйы, Севастополы, афтæ æндæр горæтты æмæ фæсарæиты зæххыл Советон Æфсады стыр æмæ æнæнтау тохтæ. Нæ Райгуырæн бæстæйы сæрибардзи- над æмæ хæдбардзииады сæрыл тохты азфысты кадджын фæрстæ ныффыстой Ирыстоны бирæ хъæбултæ. Уыдон хъæ- батырæй тох кодтой знаджы иыхмæ Стыр Фыдыбæстæйои хæсты æппæт фронтты дæр. Уыдоныл фембæлæн уыд арæнгæ- рон заставаты, Львовы цур, Бресты, Смо- ленскы æмæ Мæскуыйы сæрыл тохты, Леиинград æмæ Сталинграды, Орел æмæ Курскы цурты тохты, Кавказы хохрæ-
бынты æмæ дард Карпаты хæхтыл, Буда- пешты, Прагæйы, Бгрлины æмæ Бран- денбурджы, Жэхе æмæ Порт-Артуры, Бе- лоруссийы, Украинæйы, Францы, Итали- йы æМæ æндæр бæстæты партизанты къордтимæ, — кæмдæриддæр цыд фыд- гул знæгты ныхмæ тохтæ, алы ран дæр на- мысджынæй сæхи æвдыстой нæ бæстæйы адæмты фырттимæ иумæ ирон адæмы æх- сарджын фырттæ дæр. Ирыстоиы æхсарджыи фырттæ уæндо- нæй тох кодтой фыдгул знæгты ныхмæ сур зæххыл, уæлдæфы, доны æмæ доиы быи- ты. Уыдон æхсæн уыдысты салдæттæ, сержанттæ, афицертæ, сылгоймæгтæ, дох- тыртæ, инæлæрттæ æмæ аф. д. Урс финæгты- ныхмæ тохтЫ æхсар æмæ лæгдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй Советои Цæдисы Хъæбатыры иæмттæ лæвæрд æрцыд хæдтæхæгскъæрæг Остъа- ты Алексы æмæ инæлар-майор Карсан- ты Хъазбегæн. Номдзыд советон развæд- агурæг ииæлар-булкъои Мамсыраты Ха- дзы-Мурат, фаишстон тыхæйисджытæй Испаны республыкæ хъахъхъæнгæйæ, йæ- хи равдыста куыд æцæг хъайтар, афтæ. Ахæм уыдисСтыр Фыдыбæстæйои хæс- ты дæр. Испаиы республикæ бахъахъхъæиыны сæрыл тохты се сгуыхтдзинæдты тыххæй Сырх Тырысайы ордентæй хорзæхджын æрцыдысты булкъон Гассийы фырт, хæд- тæхæгскъæрæг Хъоцыты С. Г., хистæр лейтенант Цхуырбаты П. В. æмæ Ирыс- тоны бирæ æндæр хъæбатыр фырттæ. Инæлæрттæ Хетæгкаты Г. И., Сланты Л. А., Дзусаты И. М., Харебаты А. И., Хуыдалты X. А., Цæлыккаты /(. А., Ху- булури В. Д. æмæ æндæртæ кæмæи ко- маидæ кодтой, уыцы советои дивизиты тыхджыи æмæ хъомысджын фæцæфтæй фашистон равзаргæ æфсæддон баиугæнд- тæ фæстæмæ æппæрст цыдысты Йыгуы- лæны ’рдæм, удæгас тыхтæй æмæ техни- кæйæ иттæг егъау зиæнттæ æййæфтой,, афтæмæй. Ирыстоны хъæбатыр фырттæ Козаты 5
Шаликъо, Дзотты Лавренти, хъæбатыр ирон чызг Баситы Чабæхан сфæлхатт кодтой алкæмæи дæр зындгонд хъайтар- тæ — Гастелло, Матросов, Зоя Космо- демьянская æмæ æидæрты æнæмæлгæ сгуыхтдзинæдтæ. 1942 азы 11 сентябры газет «Комсо- мольская правда»-йы раззаг уацы фыс- той æнæмæлгæ хъæбатыр Дзотты Лав- рентийы сгуыхтдзинады тыххæй. Уым дзырдæуыд: «Æмæ ныр дæр, скъуыд- дзаггæнæг тохты рæстæджы, хъæбатыр ирæттæ дунейæн фенын кодтой, нæ бæс- тæйы хæдбардзинады сæраппонд сæ бон цахæм диссаджы хъуыддæгтæ сара- зын у, уый». 1942 азы зымæджы Цент- ралон фронты ирон хъæбатыр Милдзых- ты Хадзы-Мурат иу боны дæргъы скуы- нæг кодта 108 фашистон салдаты æмæ афицеры. Сталинграды тохты хъæбатыр- тæй сæ иу уыдис хæдтæхæгскъæрæг Цо- циты Уасил- Денджызон тохты фашис- тон тыхæйисджытæи сæрсæттæн цæфтæ кодтой ирон хъайтартæ Хъоцыты Къос- та, Хъессайы фырт æмæ æнд\ Знаджы ныхмæ уæлдæфон тохты кæд- дæриддæр сгуыхтысты инæлæрттæ Дзус- аты Ибрагим æмæ Харебаты АлексийьС авиацион дивизитæ. Дзусаш Ибрагим йе ’фсæддон хайы схъомыл кодта Советон Цæдисы48.хъæ- батыры. Газет «Ленииградская правда» инæлар Дзусаты Ибрагимы уæлдæфои дивизийы сгуыхтдзинæдты тыххæй 1944 азы 22 августы фыста, зæгъгæ, ацы æф- сæддон-’хай архайдта Хуссар фронты ахсджиагдæр фадгуыты. Æнæбанцайгæ тохты цæхæры уый йæ- хицæн скодта стыр кад æмæ Стыр Фы- дыбæстæйон хæсты фидæны историк аиы æфсæддон хайыл ныффысдзæнис бирæ диссæгтæ. Уыцы æфсæддон хайы схъо- мыл сты уæлдæфои тохты бирæ ныфс- хаст æмæ хъæбатыр хæстонтæ... Уыдои уæлдæфон тохты æрæппæрстой 400 фа- шистон хæдтæхæджы. 1944 азы 8 июлы ,газет «Правда»-йы
Цæгат Ирыстоны обкоммæ сæ арфæйы фыстæдж’ы ÆК(б) партийы Централоы Комитет æмæ ССР Цæдисы Адкомсовет фыстой:, «Ирон адæмы фырттæ гитлерон тыхæйисджытимæ тохы фенын кодтой хæбатырдзинад æмæ лæгдзинады цæвит- тонтæ». Зынгæ советон фыссæг П. Пав- ленко хæсты рæстæджы фыста: «Дзырд «ирон» кадджынæй фæлхатт цæуы Фы- дыбæстæйон хæсты æппæт фронтты дæр, уымæи æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæнамысджын хæстонтæй». Ирон инæлæрттæ æмæ афицерты хæс- тон сгуыхтдзинæдтæ арæх нысан цыдыс- ты Уæлдæр Хистæркомандæгæнæг И. В. Сталины бардзырдты. Ирон хæстонтæ тохмæ цыдысты стыр ирои поэт Хетæгкаты Къостайы зæрдæ- мæ арфхъарæг дзырдтæ: «кæнæ мæлæт, кæиæ сæрибар» фæлхатт кæнгæиæ* Ирон хæстонты сгуыхтдзинæдтæ æм- бæлон æгъдауæй нысан цыдысты хица- уады хæстон хорзæхтæй. Ирон адæмы фырттæй 34 хæстонæн лæвæрд æрцыдис Советон Цæдисы Хъæбатыры нæмттæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы 34 хъæбаты- ры иууылдæр сты Коммунистон парти æмæ ленинои • фæскомцæдисы хъомыл- гонд. Мингай ирон хæстонтæ сæ хъæбатыр- дзинады тыххæй хорзæхджын æрцыдыс- ты х’æстон ордентæ æмæ майдантæй. Ирыстоны номдзыд хæстонтæй бирæтæ ныр дæр службæ кæнынц Советон Æфса- ды рæнхъыты, сæ хъæздыг хæстон фæл- тæрддзинад æрыгон салдæттæ æмæ афи- цертæи дæтгæйæ. Иннæтæ та активон ха- йад исынц коммунистон æхсæнад арæз- тады, сабырадон куысты æппæт фадгуы- ты. Ацы чиныг кæй номыл фыст æрцыд, уыдонæй бирæтæ хъæбатырæй фæмард сты, фæлæ сын сæ нæмттæ ирон адæм никуы ферох кæндзысты. Уыдон систы æнæмæлгæ. Æиæмæлгæ у уыцы хæстонты кад. Уый у райгуырæн бæстæйы цахæмфæнды 7
знæгтæй дæр бахъахъхъæныны тыххæй хæстон хæслæвæрдыл æнувыд уæвыны ирд цæвиттон. Æмæ та сомбон миййаг иæ адæмы лæдоюыгъæд равдисыны сæр куы бахъæуа, уæд иæ кадджын фæсивæд намысджынæй адарддæр кæндзысты сæ фыдты æмæ сæ хистæр æфсымæрты хæс- тон хъуыддæгтæ, уымæи æмæ иæ арæн- тæм февиалыны бар иикæмæн ис, сæ ба- хъахъхъæиыи у алкæйы кадджыи хæс дæр. ’ Армийы инæлар Плиты Исса^ г. Ростов Н/Д 1969 азы 7 август. о
Асаты Реуйз ДЫУУÆ РЕВОЛЮЦИ ÆМÆ ДЫУУÆ ДУНЕОН ХÆСТЫ ХЪÆБАТЫР æййы ахæм бинонтæ, ахæм хæдзарвæндаг, сæ цард æмæ сæ тохыл æиæхъæн трилогитæ фыссæн кæмæн ис; зæййы ахæм сæрæн гуырд, лæгау-лæг, бæгъатыр, «уæздандæр адæймагæн скæнæн нæй», зæгъгæ, афтæ кæмæй фæдзурынц, йæ диссаджы æрдхæрæны цард æмæ тохыл æнæхъæн романтæ сфæлдисæн кæмæн ис... Гъе, ахæм у Абайты Уанкъайы (Иваны) хæдзарвæндаг. Ахæм у Уанкъайы зæнæгæй, æвæццæгæн, алчи дæр. Фæлæ ацы очеркы мæн сæйраджыдæр радзурын фæнды Абайты Георгийы тыххæй. Æрдзæй зондджын адæймаг рацыдис Уанкъа йæхæдæг. Æвзонг лæппу акæстытæ кодта йæ алыварс. Схæцыдис æмæ хæхты талынг цъассæй, Сыбайæ, цардагур ралыгъдис Тырсы- гоммæ. Æрынцадис Ногхъæуы. Уым 1895 азы райгуырдис, Ге- орги. ^ ,^ ^ — Æз мæ райгуырæн хъæуыл нымайын Къоб. «Базилæн»-'- кæй хонæм, уым, хъæугæрон, Терчы тæккæ донбылгæрон рай- гуырдысты, сæ къахыл слæууыдысты, фыццаг хатт сæ мадæлон æвзагыл сдзырдтой мæ дыууæ хо Сона, Олгъа æмæ мæ дыууæ 9
^фсымæры — Симон æмæ Васо, — буцæй æмæ сæрыстырæй æры- мысыд йæ фыды уæзæг, йæ хъарм артдзæст Георги, Тбилисы сæ хæдзары йемæ куы ныхас кодтон, уæд. Æмæ, æлхуыйыл уæздан тæбын тухæгау, æмбисонды дзаджджын ирон æвзагæй дзырдта æмæ дзырдта драматизмы диссаджы нывтæй йемыдзаг хъæздыг цард æмæ тохы истори. Цардбæллон, зæрдæргъæвд саби райдиан ахуыр райста Душеты уезды Къобы хъæуы дины скъолайы. Уый фæстæ ацы- дис Тифлисмæ æмæ дарддæр ахуыркодта 3-æм гимназы. Æвзонг лæппуйы зондахаст сфæлтаердта æмæ сфидар, цы ’хсæнад æмаэ царды гуылфæны рæзтис, уый æндæвдады бын. Тбилисы 1900 азы ирон драмкружокы цы пьесæтæ æвæрдтой, уым хайад ис- той Абайты Уанкъайы зæнæг се ’ппæт дæр, уæлдайдæр Георги. 75 аздзыд. Асæй бæрзонд, рæхснæг, онгæй, цæсгомæй хæрз- конд, рæсугъд адæймагæн йæ бакастмæ гæсгæ схонæн ис «лæп- пу-лæг». Мæ уæздан фысым æрæджы рынчындонæй рацыдис. Йæ цæстытыл ын операци сарæзтой æмæ мæ æххæст уынгæ дæр нæ кодта. Фæлæ йæ царды хабæрттæй алы лыстæг цау дæр йæ зæрдыл хорз лæууы. Æмæ та мын мæнæ дыууæ арæны сæрты, базырджын бирæнымæц азты ’хсæнты æрымысыд: — Хорз ма хъуыды кæнын 1905 азы революцийы бонтæй сæ иу. Æз мæ мад Дзахонимæ Авлабары уазæгуаты уыдтæн мæ фыды ’фсымæр Абайты Гигомæ. Сихорафон уыдаид, афтæ топ- пы хъæр фæцыдис (чидæр фехста, уынджы цы хъазахъхъæгтæ фæцæйцыдис, уыдоны). Уыдон афтæ фенхъæлдтой, зæгъгæ, æхст Гигойы хæдзарæй фæцыдис æмæ нæм æрбатыдтой. Фысымы ус йæ буарæй лæджы æмбæрзта æмæ, йын йæхи джебогъæй барæ- хуыстой. Дæ балгъитæг дæр афтæ. Ус мардæй æрхауд. Уæззау цæф фæцис мæ фыды ’фсымæры лæппу Александр дæр. Георги æрымысыд, стыр гуырдзиаг поэт Важа Пшавела-иу сæм куыд бацыд æмæ йæ фыд Уанкъаимæ фынгыл, зæрдæрис- гæйæ, куыд дзырдта йæ райгуырæн Гуырдзыстоны хæххон адæ- мы æвадат, гæвзыкк æмæ хъизæмар цардыл. Гъе, ахæм зæрдæйы ’нкъарæнтимæ ацыдис æвзонг лæппу дарддæр рухсагур Петырбухмæ 1915 азы. Айстой йæ Æфсæд- дон-медицинон Академимæ. Суинаг лæппу бахаудис паддзахы æвирхъау рæстæджы царды гуылфæнты. Дуджы знæт улæнтæ нæ фæтæрсын кодтой Георгийы. 1916 азы сæрды каникулты Æф- сæддон-медицинон Академийы 1-аг курсы студенты амидæг кодтой Турчы хæсты. — Ныххæццæ стæм Батуммæ. Фыццаг хатт федтон уæд ден-- джыз. Æхсæвы тары нæ науы сбадын кодтой æмæ нæ арвыстой Трапезундмæ, — æрымысыдис та Георги. — Фронты куыстон дивизийы цæфтæбæттæг къорды санитарæй. Пулеметтæ æмæ топпыты тынг æхсты бын карз тохы зынджы цæхæрæй хастон дæф хæстонты. «Георгиевскы майдан» дæр ма м’ын радтой, — йæ* мидбылты бахудгæйæ, загъта мæ рæдау фысым. ;о
Академийы дыккаг курсы студент уæвгæйæ, Абайы фырты >ым æрыййæфта 1917 азы февралы революци. Иемæ чи ахуыр кодта, уыцы лæппутæ Васо Боцвадзе æмæ Къоста Шхвацабая- пмæ активон хайад райстой уыцы цауты. Уыцы аз, куыддæр Сырх Гварди арæзт æрцыд, афтæ æртаз студенты, дæр сæхивæндæй бацыдысты йæ рæнхъытæм Петро- грады Выборгы районы æмæ сырхгвардионтимæ иумæ фыццаг бои активон хайад райстой революцион тохы. Сырх Гвардийы рæнхъыты фесты 1917 азы мартæй 1918 азы февралмæ. Зын рæстæг уыдис уæд. Стонг, уазал, бæстæ пырх... Хæццæдзинад, лыхкачшн æмæ абырæгдзинад... Æппæт уыдæттæ баззадысты бынæн хæдхæцæгадæй. Æмæ ахæм уавæр революцийы фарс- хæцджытæй домдта сæ тыхтæ æмæ фæндондзинады фидар- д’-инад. Сырх Гвардийы къорды архайдтытæ уыдысты карз æмæ тæссаг. Сæ гæрзтæ нæма рывæрдтой полициæгтæ, жандармери æмæ моиархийы æндæр фарсхæцджытæ æмæ элементтæ. Абайы фырт æмæ йе ’мбæлттæ — сырхгвардионтæ — хъахъхъæдтой хидтæ æмæ æндæр объекттæ, радгæс лæууыдысты Финляндийы вок:;алы. у Уый уыдис 1917 азы 3-æм апрелы. -Сырхгвардионты къорд, ну оа^гты йедтæмæ, æрвыст æрцыд вокзалы фæтк æмæ æгъдау æрывæрыны охыл. — Мяхæн загътой, зæгъгæ, изæры эмиграцийæ æрыздæх- дзæн Леьин. Вокзалы раз фæзуат цадæггай едзаг кæнъш рай- дыдта ада мæй. Цыдысты йæм столицæйы æппæт районтæй кус- джытæ, салдæттæ æмæ денджызонтæ, сырх тырысатæ сæ къухты, афта^мæй, — дзуры дарддæр Абайы фырт, — изæрмилты æз фыццаг хатт федтон, сæйраг бацæуæны Ленин Æфсæддон- революцион комитеты сæрдар Подвойский æмæ иннæ ’мбæлт- тимæ куыд р^раст сты, уый. Фæллойгæнджыты уарзон фæтæг хъæлдзæгæй салам кодта, тыхджын къухæмдзæгъдæй йыл цы кусджытæ, салдæттæ, сырхгвардионтæ æмæ денджызонтæ сæм- бæлдысты, уыдонæн. Стæй сындæггай схызтис броиевикмæ æмæ цыбыр, фæлæ стыр разæнгардæй раныхас кодта адæмы раз. Æмæ йæ нæ сырхгвардионтæ хъахъхъæдтой, афтæмæй уыцы броневикыл ацыдис Кшесинскаяйы галуанмæ, цыран уыдысты пæ къорды штаб æмæ большевикты партийы Выборгы райком. Рæстæгмæ хицауады раппарыны ленинон пълан Октябры размæ бонты Сырх Гвардийы къорды раз æвæрдта ахсджиаг хæстæ, домдта, цæмæй йæ рæнхъытæ рæзтаиккой, стæй алы сырхгвардион дæр уыдаид фидар, æндыгънæг, цырддзаст, къæрцхъус. Гвардионтæ, уыцы нымæцы ирон адæмы намыс- джын фырттæ дæр, æрвыст æрцыдысты, паддзахадон банк, пост’.æмае телеграф байсынмæ чи растад, уыцы кусджытæн стæи.æфсæддон хæйттæн сæ хæцæнгæрзтæ æрывæрын кæныны баххуысы тыххæй. ’ II
— Нæ сырхгвардионты къорды иу хайы æвæстиатæй арьыстой Петрограды сæйраг почтамт бацахсынмæ, бырсæг денджызонтæн æххуысмæ. Чысыл рæстæджы æхсты фæстæ почтамт ист æрцыдис — йæ ныхасмæ ма бафтыдта Георги.— Штабмæ куы баздæхтыстæм, уæд нын топпы нæмгуытæ радтой, штабы кæй баййæфтам, уыцы сырхгвардионтæй нæ баххæст кодтой æмæ нæ уайтагъд арвыстой командæкæнынады дæлбар- мæ Зымæгон галуаныл ^— рæсгæгмæ хицауады фæстаг гæ- нахыл æрхг»ула фæтыхджындæр кæныны сæраппонд. Галуаны бацæуæны пыхмæ, Миллионная, зæгъгæ, уыцы. уынджы ’рды- гæй позицнтæ æрцахстам, æмæ афтæмæй æлхъивын райдыд- там æрхъулайы цæг. æнхъæлмæ кастыстæм бæрæг ныхасмæ, бардзырдмæ, — йæ сæр æхсызгон тылд бакодта мæ хæлар. Уыдис тынг уазал, сурдымгæ. Уарыд хуылыдз, сæлæф мит. Фыдих стæгмæ хъардта. Сыбыртт никуыцæй хъуыст. Ахæм боныгъæды æмæ хъазуат бырсты ацæуынмæ æнхъæлмæ кæ- сыпы уысмытæ сырхгвардйоцтæм сахаты бæрц кастысты. Уа- лынмæ ныннæрыд сармадзанты æхст. Уый хæдфæстæ «ура», зæгъгæ, ныхъхъæр кодтой хæстонтæ æмæ размæбырсты ацы- дысты. Фæлæ нын юнкерты сармадзантæ æмæ пулеметтæ сæ тых- джын æхстæй æрурæдтой нæ бырст æмæ ногæй ныххуыссыды- стæм фæззыгон уазал дуртыл, лæхъир миты, — дзуры раздæры сырхгвардион. — Æмæ га стæй нæ артиллери ныннымæг код- та знаджы æхст æмæ уæд: «Фæстаг штурммæ! Атакæйы!» зæгъгæ, ахæм бардзырдæй абырстам уæлахизы «ура»-йы бын. Юнкертæ нæ иыхмæ тынг нал лæууыдысты, сæ хæцæнгæрзтæ сын истам бырсгæ-бырсыи, бафсæрстам Галуаны залтæ æмæ хатæнтæм. Æз ме ’мбæлттимæ бахаудтæн, Керенскийы хицауа- дьт уæнгтæ кæм уыдысты, уыцы ранмæ. Цикъæйау фæлурс ми- нистртæ сæ къухтыл хæрдмæ схæцыдысты, фыртæсæй ризгæ æмæ сæ дæндæгтæ фырадæргæй кæрæдзийыл хойгæйæ. Топпы- тæ сæм ныддардтам, афтæмæй сæ ракодтам уæзласæн маши- иæмæ æмæ сæ аластам Петропавловскы ахæстонмæ. — Афтæ баззад састы бынаты буржуазон хицауады гæ- нах. Уый уыдис 1917 азы 24-æмæй 25-æм октябрмæ (зæронд нымадæй) æмæ уæд байгом ис-адæймагады историйы иог дуг — Советои хицауады дуг! — сæрыстырæй æмæ рогæй сулæф- гæйæ, загъта Абайты- Георги. Стыр Октябры социалистон революцийы фæстæ фæрын- чын ис тохвæлтæрд лæппу æмæ йæ райгуырæн • бæстæм æр- цыдис. Хæххон сыгъдæг уæлдæф, сойджын æхсыр æмæ улæфт Георгийы фервæзын ’кодтой рæуджыты низы тæссагдзинадæй. Фаглæ цæй улæфт æмæ цæй цыдæр! 1913 азы кыггуылф кодта Душеты уезды фæллойгæнджы- ты растад тугцъир меньшевикты хицауады’ ныхмæ. Знæгтæ Дайраныл ’Владикавказмæ фæндаг алыг кодтой æмæ мæгуыр 12
хæххон адæмæн Цæгат Кавказæй хойраг ласыны фадат нал уыдис. Партизаитæм аивылдысты ирон адæмы хъæбатыр фырттæ. Ирон партизантæ рахæцыдысты гуырдзиаг адæмы хъæ- батыр фырт Саша Гегечкорийы чысылнымæц партизанты æрдонгы фарс. Абайты Георги, Петрограды Æфсæддон-ме- дицинон Академины студент, нысан æрцыд Душеты уезды партизанты баиугонд къорды медицинон службæйы хистæрæй. Меньшевиктæ састы бынаты баззадысты. Растадонтæ æнæ- хъæн Душеты уезды, иу стæм рæттæн нæ зонын, уый йедтæмæ ’расидтысты Советон хицауад. Фæлаз зæхкусджытæн иæ уыднс фаг хæцæнгæрзтæ, фылдæр стонг æййæфтой æмæ сæм афтæ- мæй Тбилисæй меньшевикты хæцæнгарзифтонг гварди ра- бырста æмæ сын сæ растад банымæг кодта. Абайты Георги, Саша Гегечкъори æмæ йæ фæдонтимæ иумæ Цæгат Ирыстонмæ ахызт. — Дайраны уынгæг комы нæ размæ бабадтысты меньше- викты хъузæттæ Хъазбегæй Арæпы хиды онг æмæ нæ Терчы рахиз донбылгæрæттæй -æхстой топпытæ æмæ пулеметтæй, — æрымысыдис та Абай^ фырт. — Иу нæмыг дзы дурæй фе- схъиудта æмæ Гегечкорийыл сæмбæлд, фæлæ йын уадиссаг зиан ницы ракодта. Йæ чысыл ’хьæдгом ын абастон æмæ, цы- дæр амондæн, сæрæгасæй аирвæзтыстæм уыцы мæлæты тæс- саг бынатæй. Афтæ ныххæццæ стæм Филипп Махарадзейы сæргълæудæй большевикты партийы Кавказы Крайон Коми- тетмæ. Уый фæстæ растады хайадисæг Дзæхаты Вано (Дзæби- дыр*) æмæ Абайты Георгийæн бахæсгонд æрцыд Æфсæддон- Ирон фæндагыл, ома Захъхъайы ’фцæгыл Къобы райоиыпар- тизантæн ’хæцæнгæрзтæ æмæ нæмгуытæ аласын. Фæндагыл æиæзындзинэрдтæ æмæ æнæфыдбылыз дæр кæм баззадаиккой. Контрреволюциоп хъазахъхъæгтимæ ныхæй-иыхмæ фембæлды æхсты рæстæджы дыууæрдыгæй дæр уыдис цæфтæ. Нæ разы ис иу цымыдисаг документ (1924 азы 29-æм ав- густ, № 67): «Ацы Бæлвырдгæнæн лæвæрд цæуы Абайты Иваны фырт Георгийæн, уый 1921 азы февралæй Гуырдзыстоны Коммуни- стон партийы Къобы районы чыры, куыд К (б) П æмæн- ^"ьар(тг, афтæ кæй куыста, æмæ цалынмæ Академимæ æр- выст æрцыд, уалынмæ йæхи партнйы уæнгы аккаг кусæгæй кæп равдыста, уый тыххæй æмæ йыл мæ къух фыссын. Къобы районы Гуырдзыстоны КП чыры секретарь Дзæ- хаты А.». Дзæхаты Афанасы фырт Иван (Дзæбидыр) фæстæдæр ссис Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры артист æмæ директор, Гуырдзыстоны ССР С1уыхт артист. Амардис цалдæр азы размæ Сталиниры. 13
Гуырдзыстоны Советон хицауад æв-æрд куы ’рцыдпс, уæд Абайты Георги уыдис Æфсæддон-Гуырдзиаг фæндаджы мед- пункты гæс Кавказы хæхты Бæрзы æфцæгыл, стæй Тбилисы 194-æм ирон иууон фæллойадон скъолайы райдиан кълæсты иу гфæдз акуыста ахуыргæнæгæй. 1922 азы Абайы фырты партийы Хуссар Ирыстоны обком арвыста горæт Петроградмæ Æфсæддон-медицинон Акаде- ми каст фæуынмæ. Ногæй та ахуыры азтæ. Фæлæ ныр, дунейы мидæг фыццаг социалистон паддзахад расидт кæм æрцыд,. уым, Ленинграды йæхæдæг æдхæцæнгарз хайад кæм райста, уыцы Стыр Октябры революцийы авдæны. Академи Абайы фырт каст фæиис æнтысгæйæ 1925 азы сæрды. * * * 1925 азæй суанг 1954 азмæ, ома 30 азы бæрц Абайты Ива- ны фырт Георги æппынæдзух уыдис æфсæддон службæйы. Тынг хъæздыг у йæ цард æмæ йæ архайды уыцы рæстæджы биографи дæр. Советон Æфсады рæнхъыты уæвгæйæ, 1925 азæй 1928 азмæ куыста 2-аг Гуырдзиаг æхсæг полчы кæстæр дохтырæй Батумы, стæй иу афæдзы дæргъы уыцы полчы хис- тæр дохтыры бæсты, уый фæстæ ма ноджы иу аз — Кутаисы æфсæддон госпиталы хистæрæй. 1929 азы æрвыст æрцыдис Ле- нинграды Æфсæддон-медицинон Академимæ æмæ дзы уыдис клиникæйы хистæр ординатор. Уырдыгæй Тбилисмæ æрыздæхт æмæ йæ арвыстой Фæскавказы Æфсæддон округы госпиталы ординаторæй. 1931-æмæй 1936 азмæ уыдис Фæскавказы окру- джы Æфсæддон-медицинон къамисы дохтыр-специалист, стæй уырдыгæй суанг Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианмæ куы- ста уыцы къамисы сæрдары хæдивæгæй æмæ 1-аг хайады хис- тæрæй. Абайты Г. И. стыр зонадон куыст бакодта æфсæддон ме- дицинæйы райтынджы. 1939 азы æнтысгæйæ бахъахъхъæдта диссертаци ахæм темæйыл: «Сырх Æфсады мидæг иуæй-иу психо-профилактикон мадзæлтты тыххæй» æмæ райста меди- цинон зонæдты кандидаты ном^ ссис доцент. ССР Цæдисы Сæйраг Советы 1938 азы 22-æм февралы Указмæ гæсгæ Абайы фырт райста фыццаг хорзæх — «Кусæг-Зæхкусæг Сырх Æф- садыл XX азы сæххæсты» майдан (бæлвырдгæнæн № 029200). Райста 1-аг рангы æфсæддон дохтыры чин. 1941 аз... Стыр Фыдыбæстæйон хæст æрдомдта советон адæмы æппæт физикон æмæ духовон тыхтæ смобилизаци кæ- нын. Тбилисы æвæстиатæй арæзт æрцыдис эвакуацион пункт. Уырдæм хаудис 52 эвакогоспиталы, йæ радиус хæццæ кодта Гуырдзыстоны ССР Сурамы æфцæгæй Азербайджаны ССР горæт Кировобады онг æмæ хаудта Фæскавказы Æфсæддон М
оКругмæ. Эвакогоспиталтæ арæзт цыдысты скъолаты, иуæй-иу æхсæнадон стыр бæстыхæйтты. Фронтæй цæф хæстонтæ æмæ афицертæ Фæскавказмæ ластой фылдæр, куыд æдасдæр бынат, афтæ. Уыцы дуджы Абайты Г. И. куыста бынæттон эвакопункт № 32 Управленийы хистæры хæдивæгæй. Диссаджы арæхст- джын, дæсны æмæ фæлтæрд дохтыр егъау куыст кодта фрон- тæй цæф хæсГонты райсыны, уыдон рæстæгыл уыцы 52 æфсæд- дон эвакогоспиталыл байуарыны хъуыддаджы. Уый зылдис госпиталтыл æмæ йæхæдæг сæрмагондæй практикон æххуыс кодта цæф æмæ ръшчын æфсæддонтæн. Уыцы эвакопункты Уп- равленийы хистæр куы ссис Абайы фырт, уæд ын Мæс- куыйæ æрырвыстой бæлвырдгæнæн 1942 азы 8-æм майьк №1 (0510935). «Ацы гæххæтт бавдисæг эвакопункты хистæр 1-аг рангы æфсæддон дохтыр Абайты Г. И. у Сырх Æфсады Сæйраг Æф- сæддон-Санитарон Управленийы минæвар. Уымæн лæвæрд цæ- уы, Хъахъхъæдады Паддзахадон Комитеты 1941 азы 22-æм сентябры №701 уынафф’æйы бындурыл, эЕакопункт кæй иу кæны, уыцы санитарон службæйы æппæт хуызтæ æмæ эвако- госпиталтæ инспекци æмæ уыдоныл контроль кæныны бар. Æмб. Абайты Г. И. лæвæрд цæуы ССР Цæдисы Æнæниздзи- нады Адæмон Комиссариаты эвакогоспиталты куыст бæрæг кæныны æмæ контролы бар. Бар ын ис, цæмæй æнæаргъæй æмæ æнæрадæй пайда кæна звакопункттæ æмæ Фæндæгты Адæмон Къамисариаты бастдзи- нæдты æппæт хуызтæй æмæ æппæт санитарон транспортæй, цы йын бабæрн чындæуыд, уыдон сæххæст кæныны охыл. Сырх Æфсады Сæйраг Æфсæддон Санупры хистæр, кор- пусон дохтыр Смирнов. Сырх Æфсады Сæйраг Æфсæддон Санупры Æ’фсæддон Къамисар, бригадон къамисар Редькин». Абайы фырты дæлбаруæвæг госпиталтæ цæфты бирæ фыл- Дæр дзæбæх кодтой æмæ сын сæ 75 проценты хæстхъомæй фæста?мæ фронтмæ ’рвыстой. Ахæм хъаруджыи æмæ арæхст- джын куысты тыххæй уый райста фыццаг хæстон орден. Кæсæм: «Бардзырд Фæскавказы фронты æфсæдтæм. 1943 азы 30-æм апрель. Хæцæг Æфсад. № 662/н. ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы номæй, немы- цаг тыхæйисджыты ныхм-æ тохы фронты командæкæнынады хæстон хаэслæвæрдтæ иттæг хорз сæххæст кæнын æмæ уыимæ иумæ хъаебатырдзинад .æмæ лæджыгъæд равдисыны тыххæй хорзæхджын кæнын: Сырх Стъалыйы орденæй 1-аг рангы æфсæддон дохтыр Абайты Георги Иваны фыр- ты Бынæттон эвакуацион пункт № 32 Управленийы хистæ- ры хæдивæджы медицинон хайы. Фронты æфсæдтыл .командæгæнæг армийы инæлар Тюленев. 15
фронты Æфсæддон Советы уæнг инæлар-майор Ефимов. фронгы штабы хистæр инæлар-майор Рождественский». — Араст стæм Хуссар фронтмæ. ЦæуæмКубаны быдырты. Фыццаг хæстон фæлтафддзинад райстам горæт Тихорецкы. Фыццаг хатт ныл уым нызгъæлстой’ бомбæтæ немыцаг сау сын- тытæ, — æрымысыд Абайты Георгийы цардæмбал Реуазты Иналыхъы чызг Тамарæ (уый дæр йемæ ацыд фронтмæ — дох- тыр-стоматолог у, фæлæ дзы хосгæнæи-эвакуацигæнæн хайады инспекторæй куыста). — Цыдыстæм эшелонты. Вагæтты уæл- хæдзæрты пулеметтæ æвæрд. Дохтыртæ, санитартæ — автомат- тæй ифтонг. Æмæ цьус миййаг нæ уыдыстæм — 270 кусæджы. Немæ ластам медикаменттæ, уыдис нæм найæн, гæрзтæхсæн, дарæс æмæ хæлцадæвæрæнтæ, -бирæ1, автобустæ, уæзласæн машинæтæ. Бацыдыстæм Сталинградмæ æввахс. Советон хъайтарон æфсæдтæ сæрсæттæн нæфтæ фæкодтой немыцаг тыхæйисджытæн .Мæскуыйы цур, Сталинграды бьш- ма\ Кавказы хохрæбынты. Знаг фæстæмæ лæууын райдыдта. Абайы фырты эвакопункт ацыдис Таганрог, Шахты, Белый Ключыл, бахæццæ ис æмæ æрбынат кодта станицæ Морозов- скаяйы. Тохтæ цыдысты горæт Ворошиловграды (ныры Лу-, ганскы) районы. Фронты раззаг хахх сæм уыдис 18 километры. Немыцаг хæдтæхджытæ сыл бомбæтæ калдтой, тынг сæ æхста знаджы уæззау артиллери. Ахæм зын уавæры дывæр-æрты- вæр кодта дохтыртæ æмæ саиитарты куыст. Цæфтæласæг эшелонтæ сæм æдзух æхсæвæй-бонæй ластой бирæ цæфтæ, фæстæмæ та ластой хæлцад æмæ хæцæн æрмæджытæ, бæттæн æрмæг фронтмæ хæстæг . быдырон госпиталтæм. Вагæттæй истой æрмæстдæр ахæм цæфты, мæйы дæргъы йæ къахыл чи слæууыдаид æмæ фæстæмæ хæстмæ арвитæн кæмæн уыдаид. Истой сæ, операци сын кодтой, сæ цæфтæ сын бастой æмæ сæ дихтæ кодтой эвакогоспиталтыл. Раргъæвтой-иу, фæндагыл быиатмæ удæгасæй чи нæ уал ныххæццæ уыдаид,- ахæм уæззау цæфты. Æмæ-иу дзы бирæты мæлæты дзæмбытæй првæзын дæр фæкодтой. — Эвакуацион пуикты зындзинад уыдис уый мидæг, æмæ госпиталтæ уыдысты цæугæ»; змæлгæ хосгæнæндæттæ, хъуыдис сæ æййафын, агурын, фронт-куыд размæ цыдис, афтæ. Медици- нон кусджытæ къуыригæйтты ’æрхуыст, æрулæфт нæ’зыдтой,; фылдæр хатт уыдысты стонг. Хирургтæ хуыссæгхъæлдзæгæй, фырфæлладæй æмæ фæлмæцыдæй операцион фынджы уæл- хъус уадзгуытæй хаудысты зæхмæ. Улæфыдыстæм-иу, знаг ныл бомбæтæ куы калдта, уæд (æвæдза, уымæн «улæфт» схо- нæн ис?). Уыцы цъаммæрттæн та уæлдай.нæ уыд: фронтæй æрцæуæг цæф хæстонтæй йемыдзаг эшелонтæ-иу куы ба;фип- найдтой, уæддæр-иу сыл æнауæрдонæй нызгъæлстой, — зæр- ’дæрисгæнæ æрымысыд æмæ арф ныуулæфыд хæстон дох- тыр. 16
— Стыр æххуыс нын кодтой бынæттон цæрджытæ. Вагæт- тæ-иу æвиппайды равдæлон кодтой, — ныхас та айста йе ’фсин, .хæрзконд, рæхснæг, бæрзонд, рæсугъд сылгойм’аг Тамарæ, Георгийы-иу хæстон эпизодты деталтæ куы айрох сты, уæд. — Мæ зæрдыл æрлæууы алхатт дæр, Морозовскаяйы аргъуаны алыварс-иу фæлмæн хос, хъæмп ныккалдтам æмæ цæфты уым æвæрдтам арæхстгай фæрсæй-фæрстæм. Аргъуаны сауджын-иу ьылдис хъæуы сылгоймæгтыл (сылгоймæгты йедтæмæ дзы нæл- юймæгтæ нал уыддс) æмæ с’æ разнæгард кодта ацы куыстмæ. «Уый æвæджиаг хъуыддаг у», зæгъгæ-иу дзырдта сауджын. Вагæттæй-иу бæхуæрдæттыл рæгъ-рæгъы цæфты раластой, сæ разæй сауджын, йæ риуыл дзуар конд, афтæмæй, уæрдæтты фæстæ та — сылгоймæгтæ æмæ иу дзы æнæхъæн колоннæ сьь рæзт. Хæдтæхджытæ-иу æрбатахтысты. Георги-иу скомандæ кодта: «Вагæтты бынмæ», зæгъгæ. Гъе, афтæ иугæндзон, æп- пынæдзухæй. Цыдис мыл уæд бæрцæй 32 азы. Бирæ фыдæбæттæ æмæ дудгæбæттæ федтон. Æмæ уыдон бæргæ ницæмæ ’рдардтаин. Фæлæме ’фсымæртæ удыууæйæ фронты фæмард сты: сæ иу дзы арæнхъахъхъæнæг^уыд, иннæ — денджызон, — æмæ йæ мыд- гъуыз цæстытæ доны азылдта нæртон æфсин, мæ разы мык уазал сæны агуывзæ æрывæргæйæ, æмæ та йæ ходыгъд Олгъа- йы цур бандоныл йæхи уæззау æруагъта. Ра^стæг йæ цыд кодта. Знаг фæстæмæ лыгъдис. Фронты фæстæ размæ цыдис Абайы фырты эвакопункт. Ирон адæмы намысджын фырт райста медицинон булкъоны æфсæддон чин. Иæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ æмæ æфсады йæ бирæазои <%>нæзæрдæхудт, цæсгомджын куысты руаджы Абайты I еоргий фæд-фæдыл хорзæхджын æрцыд Ленины орденæй, Сырх Ты- рысайы дыууæ орденæй, Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй, Кенигсберг. соæрнбар кæныны тыххæй, Германыл фæуæлахизы тыххæй, Советон Æфсадыл 30 азы сæххæсты тыххæй, Герма- ныл фæуæлахизы 20 азы сæххæсты . тыххæй, Советон Æфсад æмæ Флотыл 50 азы сæххæсты тыххæй майдантæй. Фæлæ Абайты номдзыд дохтыр иууыл уæлдæр хорзæхыл иымайы, хæсты быдыры сæ цард цы мингай советон хæстон- тæн фервæзыи кодта, уыдоны зæрдæбын арфæтæ — адæмы .хорзæх. Абон дæр ыл уынджы сымбæлынц æнæзонгæ адæм æмл? йыл тыхстытæ фæкæнынц. Уый сæ нæ базоны, фæлæ йæ уый хыгъд базоныиц, цард кæмæн балæвар кодта, раздæры уыцы уæззау цæф хæстонтæ. Абайы фырт стыр хайбавæрд бахаста Советон Æфсадæн медицинон кадртæ, схъомыл кæныны хъуыддагмæ фронты дæр аэмæ фæсхазст дæр.-Хæсты рæстæджы йæ фæлтæрддзинады тыххæй уацтæ фыста мæскуыйаг журналы «В помощь медра- ботнику». Сабырадон дуджы Фæскавказы Æфсæддон окруджы куыста алы æмæ алы бæрнон бынæтты йæ уарзон дæсныйадыл.
Уыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон институты медиципæйы кафедрæйы хистæр æмæ уый æмрæстæджы рес- публикæйы æнæниздзинад хъахъхъæиыны министры хæдивæг. Абайтьг Реорги ныртæккæ дæр кæны æвæллайгæ активон зонадон-'*Йуыст. Газеттæ æмæ журналты фæстаг азты ныммы- хуыр^ ко’дта 25 зонадон-популярон очеркæй фылдæр. Хуссар Ирыстоны паддзахадон рауагъдад ын мыхуырæй рауагъта дьлууæ брошюрæйы «Адæймаг хъуамæ бирæ цæра» æмæ «Фы нæй кæнын æмæ фынтæ уынын». • Абайты Георги ныртæккæ кусы Тбилисы 7-æм клиникон рынчындоны коисультант-невропотологæй. Фæлтæрд дохтыр- фронты хъахъхъæдта хæстонты цард, фæсхæст хизы сабыра- ды салдæгты æнæниздзинад. Æмæ абон нымад у Коммуни- стон фæллойы хъазуатоныл. Уымæй хæрзиуæгондæр куыст ма цы уа? * ’ Амондджын’у Абайты • Уанкъайы хæдзарвæндаг. Хотæ- æмæ æфсымæртæ райстой хорз хъомылад, уæлдæр ахуырад. бæрзонд духовон культурæ. Дунейы зындгонд у Георгийы кæс- тæр-æфсымæр Абайты Васо — филологон зонæдты доктор. профессор, ирон адæд^ æнæкæрон буц æмæ сæрыстыр кæмæн сты, уыцы диссаджы курдиатджын адæймаг! Æмбисонды уæз- дан. хæдæфсарм, хæрзæгъдау сылгоймаг у ацы очеркы хъай- тары цардæмбал Реуазты Иналыхъы чызг Тамарæ, йæ фрон- тон æмхæстон, цалдæр хæстон хорзæхьГхицау! Æмæ сæ иунæг чызг Бэлæ каст фæцис Тбилисы паддзахадон консерваторийы фортепьянойы къласы æмæ ныртæккæ йæхæдæг эстетикон хъо- мылад дæдты рæзæг курдиæттæн республикæйы столицæйы музыкалон ахуыргæнæндæттæй сæ иуы. — Мæ царды 75 азы дæргъы бирæ федтон зындзинæдта> дæр æмæ хорздзинæдтæ дæр.. Хайад истон фыццаг империали- стои хæсты, мидæггагон хæсты, дыууæ революцийы, Стыр Ок- тябрь адæмæн цы хæрзиуджытæ ’рхаста, уыдои знагæй хъахъ- хъæдтон Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронты. Фæлæ мæнæн мæ цард фæстаг сулæфты онг нырæй фæстæмæ дæр нывонд у мæ уарзон Райгуырæн бæстæйæн, мæ ахсджиаг адæмæн, нæ кадджын Коммунистон цартийæн! Табуафси! —- загъта мын хæрзбон кæнгæйæ, мæ рæдау -фысым Абайты Иваны фырт Ге: орги. а
Цхуырбаты Иван Г А Д 3 Ы Б Е •Г~1 Вк т гъуыбиргомы мæгуыр хæххон лæджы х^дзары 1898 азы райгуырд Абайты Алексийы фырт Гадзыбе. Ууыл саргъуыдта æмæ дзуар бафтыдта «Сыгъзæриндзуары» сау- джын, фæлæ Сыба æмæ Згъуыбиргомы революцион фæсивæд куы рахъомыл сты, уæд сæ «Сыгъзæриндзуарæн» æрхуыйы аргъ дæр нал скодтой. Уыцы тохгæнæг фæсивæдæй фæсте ни- кæмæй зад Абайы фырт дæр. Мæгуыр хæдзары цард чысыл фæрæвдздæр кæныны сæраппонд Алексийы фырттæ куыстмæ цыдысты Цæгат Кавказмæ. Гадзыбейы йæ хнстæр æфсымæр акодта Дзæуджыхъæумæ, радта йæ скъоламæ, фæлæ, цыбыр- къух уæвгæйæ, мæгуыр хæххон лæппуйæн нæ бантыст йæ ахуыр кæронмæ акæнын æмæ кусын райдыдта Грознæйы неф- ты промыслæты. Уым раззагон кусджыты фæрцы Абайы фырт бацыдис революцион тохы цæхæрмæ. Гадзыбе цы ’мдзæрæндо- ны цард, уырдæм ’арæх цыдис рагон большевик Дзадтиаты Кдюста æмæ сидтис ирон кусджытæм, цæмæй слæууыдаиккой сæрибарыл тохгæнджыты рæнхъыты. Гадзыбемæ бахъардта 19»
йе ’мзæххоны сидт ашæ Февралы революцийы фæстæ æргомæй цæуын байдыдта Грознæйы кусджыты демонстрацитæм, уым Абайы фырт .райста хорз революцион фæлтæрддзинад. 1918 азы Гадзыбе æрыздæхт Хуссар Ирыстонмæ æмæ уы- цы аз Ручъы большевикон чыр Абайы фырты райста Комму- ннстон^партийы рæнхъытæм. 1918 азы Гадзыбе бацыдис фæс- комцæдисы рæнхъытæм дæр æмæ бынтон иузæрдионæй ныл- Лсоууыдис сæрибары тохы фæндагыл. Бирæ бахъиамæт кодта пæ о.бласты дæластæрдон партион æмæ фæскомцæдисон орга- низацитæ саразыныл. Абайы фырт активон хайад райста Хуссар Ирыстоны зæх- кусджыты растадтæй се ’ппæты дæр. 1920 азы растады штаб Гадзыбейæн бахæс кодта Содтиты Несторимæ Къобы районмæ ацæуын æмæ меньшевикты тыхтæ басгарын. Уыдон рæстæгыл сæххæст кодтой штабы бардзырд. 1920 азы Абайы фырт бавзæрста лигъдæтты уæззау хъыс- мæт, фæлæ уæддæр фидар лæууыд Хуссар Ирыстоны парти- занты рæнхъыты, куыста зæрдиагæй лигъдæтты сывæллæт- тæн цæрæнбынæттæ ссарын æмæ уыдон хæлцадæй сифтонг кæ- ныни хъуыддаджы. 1920 азы октябрæп 1921 азы февралмæ Гадзыбе, Хæххоп республикæйы Чекайы кусгæйæ, хъæбатырæй тох кодта Цæгат Кавказы контрреволюционертæ æмæ спекулянтты ныхмæ. 1921 азы Хуссар Ирыстоны Округон Комитет Абайты Га- дзыбейы арвыста областон фæскомцæдисон организацимæ. Абайы фырты Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисонтæ 1921 азы марты сывзæрстой оргбюроны уæнгæй æмæ организацион ха- йады хистæрæй. Уыцы аз Гадзыбе бирæ бакуыста облаега райдиан фæскомцæдисон организацитæ æмæ районон коми- теттæ саразыныл. 1921 азы августы Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисы орга- низацийы фыццаг легалон конференци Гадзыбейы сæвзæрста ГЛКФЦ фыццаг легалон съездмæ делегатæй æмæ йæ уыр- дыгæй та скъуыддзаггæиæг хъæлæсы баримæ арвыстой Æппæт- уæрæсейон фæскомцæдисы IV съездмæ. 1922 азы Абайы фырт æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы социалон фæлындзыиады адкомæй. Уый фæстæ Аба- йы фырт ахуыр кодта Мæскуыйы Свердловы номыл универси- теты, фæлæ троцкизмы ныхмæ идеологон куыст сытынг кæны- ны сæраппонд дыккаг курсæй афвыст æрцыд Хуссар Йрыстоны обкомы организацион хайады сæргълæууæгæй. ’Мæскуыйы ахуыргæнгæйæ, Абайты Гадзыбе 1924 азы лæу- уыд В. И. Ленины марды чырыны цур цытджын хъахъх!>æ- нæгæй. Гадзыбе та ногæй ацыдис Мæскуымæ ^æмæ 1930 азьгкаст фæцис Тимирязевы номыл Академи, куыд;; фæлтæрд партион кусæг, афтæ раразмæгонд æрцыд Советон Цæдисы РКИ-йы 20
скоидмæ инспекторæй. Уæдæй фæстæмæ Гадзыбе уыдис СЦКП- йы ЦК номенклатурæйы æмæ 1941 азмæ цæсгомджынæй фæ- куыста партион æмæ советон бæрнон бынæтты. Хæсты хæд- агъоммæ Абайы фырт куыста Советон Цæдисы Мидхъуыддæг- ты адкомы хистæр инспекторæй æмæ 1941 азы 7-æм июлы бархийæ ацыд райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Ныгуылæн фронты, батальоны къамисар уæвгæйæ, Гадзы- бе хъæбатыр тох кодта гитлерон оккупантты ныхмæ. Фашистон æрдонгтæ балбирæгътау размæ лæбурдтой, сæ фæсчъылдым аззади пырхгондæй, Абайы фырт цы æфсæддон хайы тох код- та, уый. Ахæм тæссаг уавæры дæр фидар фæлæууыд хъæбатыр ирон, сорганизаци кодта йæ батальоны баззайæццæгты, ’ахыз- тысты партизанон тохмæ. Ныгуылæн фронты хъæбатыр тох кæй фæкодта Абайы фырт, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орде- нæй, ссис полчы къамисар. Фæлæ хъæбатыр ирон хæстоны нæ фæцис тохы амонд, — 1.942 азы тугкалæн тохы фæстæ Советон Æфсады къордимæ уацары бахауд. Гитлеронтæ куынæг код- той Советон Æфсады къамисарты, фæлæ фæлтæрд хæстонæн рæстæгыл бантыстис уыцы хабар бахынцын, бавзæрста уацай- рæгты æнæудыскъуыд цард. Ахæм æвирхъау фыдуавæрты дæр Абайы фыртæн нæ фæтасыд йæ большевикон зондахаст, уы- мæи бантыстис уацайрæгты лагерæй алидзын. 17 боны æмæ 17 æхсæвы дæргъы æрдæгæххормагæй къахæй фæцыд, ссардта фраицаг партизанты æмæ уыдон фæрцы бафтыд Парижы со- ветон минæварадмæ. Советон посол уайтагъд сбæлвырд код- та, Гадзыбе СЦКП-йы номенклатурон кусæг кæй уыдис хæсты агъоммæ, уый æмæ йæ Парижы баурæдта советои госпиталы. политикон’ хайады хистæрæй. 1945 азы Абайты Гадзыбейæн бантыстис Парнжæй æртæ- сæдæ рынчын советон уацайраджы раласын. Хæсты фæстæ Абайы фырт кусын райдыдта экономистæч Советон Цæдисы электротехникон сæудæджерады Министра- ды. Уый фæстæ ’та куыста Мæскуыйы Ленины номыл заводы баернон бынаты. 1953 азы Гадзыбейæн йæ иузæрдион куыст, æмæ тохы сæраппонд нысан æрцыдис персоналон пенси. *
Плиты Илья ФЫДЫБÆСТÆЙОН ХÆСТЫ ХЪÆБАТЫР айдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Æрвыл бон дæр Хуссар Ирыстоны областон æфсæддон къамисариаты агъ- уысты размæ адæм æмбырдтæ’ кодтой. Æфсадмæ кæмæ сидты- сты, уыдон уæзласæн машинæтыл æрвыстой Гурмæ, уырдыгæй та фронтмæ. Иубон, цыппар .æмхуызон фидæрттæконд лæппуйы иумæ фæндараст кодтой фронтмæ. Уыцы цыппар лæппуйы уыдысты: Абайты Угъалыхъ, Цъæхилты Димитр, Галуанты Граф æмæ Джыгкайты Алекси. Уыдон уый размæ службæ кодтой Сьфх Æфсады. рæнхъыты æмæ æрвыст æрцыдысты горæт Шаумян- ;мæ 21-æм танкæйон запасон пблкмæ. Цъус рæстæг баззадысты ацы цьшпар лæппуйы Шаумяиы горæты, се ’фсæддон дæс- ныйад, сæ хæцæнгарз хорз сахуыр кодтой гемæ стæй æфсæд- дон машинæтыл араст сты Цæгат Кавказы фронтмæ. Сæ цып- пар дæр танкисттæ уыдысты, взводы командиртæ. Тугкалæн тохтæ цыдис Мæздæджы тыгъдбыдырты. Гитле- ронтæ бирæ тыхтæ æрбакалдтой уырдæм, хъуамæ фронт атыд- таиккой æмæ ахызтаиккой Фæскавказмæ, сæ быцъынæг тыдтой Бакойы нефть байсынмæ. Советон æфсæдтæ удуæлдай тох код- той карз знаджы ныхмæ. 22
— Иунæг къахдзæф дæр фæстæмæ лæууæи нæй! — ахæм х’ыд созетон хæстонты ардбахæрд. Танкæты æмæ авиацийы ,'ф^рцы знаджы атакæтæ фæстæмæ æппæрст цыдысты. Немыцаг фашистты ныхмæ ’карз тохты танкист—кæстæр тейтенант Абайты Угъалыхъ йæхи равдыста хъæбатырæй. Ба- чальокы командиры бардзырд сæххæст кодта: Йæ взводы хæс- гонтæ знаджы фæсчъылдым февзæрдысты. Гитлеронтæ фер- гъуыйау сты. Афтæмæп сыл махуæттæ дыууæрдыгæй схæцыды- сты, размæ абырстой æмæ, ахсджиаг нысаниуæг кæмæн уыд, акæм хæцæн бынат бацахстой. 1942 азы 30 сентябры 129 хицæн танкæйон брнгадæйы 1-аг танкæйон батальоны командир капитан Лонода йæ бардзырды фыста: «Гермайнаг фашизмы ныхмæ тохы рæстæджы æмб. Абайты У. С. йæхи равдыста арæхстджын æмæ хъæбатыр командирæй. Къорд хæттыты йæ танк акодта атакæггы æмæ-иу ныхмæ: .лл>ууæджы техникæ æмæ удæгас тыхтæн стыр зиæнттæ бакодта.. 1942 азы 4 сентябры æмбал Абайы фырт танкæйы къор- димæ иумæ хайад иста, хæсты быдыры чи фехæлд æмæ уым чи- баззад, уыцы таик Т-34 сэвакуаци кæныны хъуыддаджы. . . Эвакуаци кæныны рæстæджы æмбал Абайы фырт равдыста уæндондзинад, лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад æмæ ныхмæ- лæууæджы артиллерион æмæ миномётон тыхджын æхсты бын тохы быдырæй сэвакуаци кодта танк.' Эвакуацийы рæстæджы æмбал Абайы фырт фæцæфи Дубравкæйы хъæуы цур. Танк сэвакуаци кæныны рæстæджы арæхстдзинад, лæгдзи- •иад æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй æмб. Абайы фырт хорзæхджынгонд æрцæуæд Хъæбатырдзинады тых- хæй медалæй. Мæздæджы фале карз тохтæ куы цыдис, уæд Хуссар Ирыс- тойнаг цыппар танкисты хицæн æмæ хицæн æфсæддон хæйтты уыдысты, кæрæдзийæ фæхицæнтæ сты, фæлæ уæддæр кæрæдзи нæ рох кодтой. Иу бон фыдуацы хабар айхъуыст батальоныл: хъæбатыр æгъдауæй мард фæци танкист — взводы командир Галуанты Граф. Стæй уæд дыккаг фыдуац дæр: Цъæхилты Ди- -митры танк знаджы нæмыгæй ссыгъди, æртæ танкисты мард фесгы, Димитр та уæззау цæф фæци æмæ йæ санбатмæ алас- т°й, уырдыгæй та — госпиталмæ. Димитр цасдæр фæхуыссыд госпиталы, стæй инвалидæй æрыздæхтис йæ райгуырæн уæзæг- МА"- И^ уæзæгыл сæмбæлди Джыгкайты Алекси дæр. Чизоны, уыцы æнамонд хабæрттæ æрцыдысты Угъалыхъы хъустыл дæрт чи зоны, загъта: ме ’мбæлтты маст хъуамæ райсон знагæй азмæ æнауæрдонæй дæрæн кæнын райдыдта знæгты. Бирæ хъæбатырдзинæдтæ равдыста Угъалыхъ æмæ йæ, гъе, уымæн схорзæхджын кодтой Сырх Тырысайы орденæй дæр! Ныр дыууæ хорзæхы æрттывта йæ риуæй. Уыдон æй ноджы «сразæнгард кодтой размæ бырсынмæ, знæгты цæгъдынмæ. Ар- 23
гъæутты-иу арæх хъуыста Угъалыхъ Балсæджы цалхы тыххæй- Ныр йæхæдæг уыцы цалхы хицау баци, йæ уæлæ бады æмæ йæ кæм бахъæуы йæ сæр, уырдæм æй фездахы æмæ та гитлерон . абырджыты йæ быны ассæнды... 1942 азы декабры Абайты Хæдзарвæндагыл цины хабар* сæмбæлд: хицæн танкæйон бригадæйы командир булкъон Н. В. Петрушин фыста Джиоты Генямæ: — Де ’мкъай Абайты Сосланбеджы фырт Угъалыхъ — Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатыр — дыууæ хатты хорзæхджын кæй æрцыд, уый цытæн мæ баиугонды хæстонтæ æмæ командир- ты номæй æрвитын дæуæн зæрдиаг салам! Райгуырæн бæстæйы сæрыл тохты Угъалыхъ Сосланбеджы фырт йæхи равдыста æхсарджынæй æмæ хъæбатырæй, æмæ уы- мæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд Хæстон Сырх Тырысайы орде- нæй æмæ Хъæбатырдзинады медалæй. Мах уырны, æмæ ды фæллойгæнджытимæ иумæ фæсчъыл- дым иттæг хорз кæй кусдзынæ заводы, совхозы, иумиаг тых- тæй знаджы ныддæрæн кæныны сæраппонд. . Мæн ныфс ис, æмæ æмбал Абайы фырт нырæй фæстæмæ- дæр кæй фенын кæндзæн стыр хæстон дæсныйад, ра^нгуырæн бæстæйы кад æмæ сæрибары сæрыл тохты кæй равдисдзæн лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад. 1942 азы "30 ноябрь». (Ацы патриотикон фыстæджы оригинал æфснайд у Хуссар Ирысто- ны бæстæзонæн музейы). Уымæй дарддæр ма Абайы фырты хæстон æмбæлттæ йæ мад Филонмæ æрырвыстой фыстæджытæ, æмæ йын арфæ- кæнынц, ахæм æхсарджын лæппу кæй схъомыл кодта, уый тыххæй. Бонтæ, къуыритæ кæрæдзи фæдыл цыдысты. Хæст карзæй- карздæр кодта. Размæбырсæг советон æфсæдтæ дæрæн кодтой немыцаг тыхæйисджыты, горæттæ æмæ хъæутæ сæрибар код~ той. Фæлæ цыфыддæр знаг йæхи æнцонæй нæ лæвæрдта. Уымæ гæсгæ советон æфсæдтæ удуæлдай тох кодтой нæ бæстæйы тер ритори ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Иу ахæм тугкалæн тохы- Курскы цур мæлæтдзаг цæф ’фæци взводы командир — кæстæр лейтенант Абайты Угъалыхъ... Хæрзæрæджы йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ бинонтæм æхсызгои хабар чи фехъусын кодта, уыцы танкæйон бригадæйы хæстонтæ Курскы зæххыл æфсымæрон ингæны цур стыр кади- мæ баныгæдтой ирон адæмы хъæбатыр фырт Абайты Угъа- лыхъы... Æхсарджын танкисты ингæны уæлхъус йæ хæстон æмбæлттæ ард бахордтой, куыд немыцаг лæгмартæй се ’мбалы маст райсдзысты æмæ уыцы бон дарддæр размæ абырстой. , 1943 азы январы бонтæй сæ иуы Абайты хæдзарвæндаг фронтæй, командæкæнынадæй ногæй фыстæг райстой. Ф»æлæ 1ацы хатт цины фыстæг нал — сау гæххæтт...^ Танкæйон бригадæйы командир фыста "Филонмæ, зæгъгæ^ 24
пемыцаг фашистты ныхмæ тохты дæ фырт Угъалыхъ мард фæ- цис хъæбатыр æгъдауæй 1943 азы 28 январы. Ныгæд æрцыл Курскы областы Сергеевкæйы хъæуы цур. Ныфс дæ уæд, не ’мхæстон æмбалы маст кæй райсдзыстæм немыцаг тыхæйис- джытæй. Мах фæуæлахиз уыдзыстæм! * * * Абайты Сосланбеджы фырт Угъалыхъ райгуырдис 1912 азы Дзауы районы Сыбайы хъæуы. Р1æ фыд куыста горæт Гроз- нæйы нефты промыслæты, амардис 1914 азы. Цæгат Ирыстонь\ Советон хицауад куы ’рлæууыд, уæд йа? цардæмбал Филон цардагур алыгъд Дзæуджыхъæумæ йæ сидзæр сывæллæттимæ. Угъалыхъы радта сидзæр сывæллæтты хæдзармæ æмæ ахуыр кодта скъолайы дæр. 1928 азы ахуыр кæнынмæ ацыд Мæскуы- мæ, каст фæцис кусфак æмæ æрæздæхти Цхинвалмæ, кусын рай- дыдта типографийы дамгъæтæ ’взарæгæй. Уыцы рæстæджы йæ кæстæр æфсымæр Виктор та (ныр Хуссар Ирыстоны паддзаха- дон пединстлтуты физикæйы ’ахуыргæнæг) хъомыл кодта Къо- джоры сидзæр сывæллæтты хæдзары, уый æмрæстæджы ахуыр кодта Тбилисы 104 фæллойадон ирон скъолайы. Угъалыхъ 1934 азы^ бацыд Цхинвалы ахуыргæнджыты дыу« уæазон институтмæ, каст фæци физикæ-математикон факультет æмæ йæ снысан кодтой Дзауы астæуккаг скъолайы ахуыры хайады гæсæй. 1939 азы Угъалыхъмæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъы- тæм. Иу аз дзы баслужбæ кодта, стæй фæстæмæ Ирыстонмæ æрыздæхт æмæ та куыста Дзауы астæуккаг скъолайы ахуыры хайы гæсæй, æмæ уырдыгæй ацыд фронтмæ дæр. Удфидар у, Филон, ирон адæмæй рох нæу сæ хъæбатыр фырт, æнустæм ын мысдзысты йæ рухс ном. Хъæбатыртæ нæ мæлынц! Адæмы амокды тыххæй æрхаста йæ сæр нывондæн дæ фырт æмæ семæ баззайдзæн цæргæнæ. ^
Хъуылаты Чермен ХАДЖУМАРЫ ХÆРЗИУДЖЫТÆ урсант Абайы фырт, уæлæмæ фест! — цæмæй ин- нæты ма райхъал кæка, уый тыххæй сабыр, фæлæ тызмæг хъæ- лæсæй бардзырд радта ротæйы радгæс. Фæлæ Хаджумар йæ б’азы бын чиныг амбæхста, уый сержант куы ауыдта, уæд дзы йа> маст æрбайрох: — Æри-ма йæ ардæм. А-а, «Уырыссаг-ирон дзырдуат». Уымæй раст кæныс. Фæлæ рæстæг дыууадæсæй ахызтис. Дæу та æхса^з сахатыл сыстын хъæудзæн, уый дæ рох ма уæд. Стæй æфеæддон æгъдау у. Цыбыр дзырдæй, бафынæй кæн, æмбал курсант. Æмæ ие ’фсæддон службæйы фыццаг къуыриты Абайты Хаджумармæ ахæм уайдзæфтæ ну æмæ дыууæ хатты не ’рхау- дис. Стæй канд уымæ нæ, фæлæ Абайты Чермен æмæ Дзадтиаты Цæраймæ дæр. Цæвиттон, æртæ ’мгары дæр хæххон хъæу Сыба- ны рахъомыл сты, иу аз бацыдысты скъоламæ, хæсты райдианмæ фарастгай кълæстæ каст иумæ фесты. Фронтмæ сæ арвитыны •^ыххæй районы æфсæддон къамисармæ куырдиæттæ дæр иумæ ныффыстой. 26
с — Разы стæм уæ куырдиатыл, — загътой сын къамиссариа- ты. — Фæлæ уал уæ мах арвитдзыстæм училищæмæ. Сырх Æф- • садæн командиртæ нæ фаг кæны. Уый фæстæ уын фронты уæ лæгдзинад равдисыны фадат дæр фæуыдзæнис. ; .•• Æмæ ныр фистæгæфсæддон æфсады командирты*. ахуыр- гæнæндоны фæсте бæргæ никæмæй зайынц. фæлæ уырыс- еаг æвзаг лæмæгъ кæй зонынц, уый сæ тынг хъыгдары. Æмæ амал кодтой «Уырыссаг-ирон дзырдуат», ахуыр кæнынц. рæстæг сын куыд вæййы, афтæ — куы иумæ, куы — радыгай. Цыбыр дзырдæй, æртæ ’мгары фæуæлахиз сты уыцы зын- лзинадыл, фондз мæймæ*сæ хуызистытæ фæзындысты ахуыр- гæнæндоны Кады фæйнæгыл. 1942 азы июны систы кæстæр лейтенанттæ, афтæмæй, сæ арвыстой фронтмæ. Се ’фсæддон эшелон Беслæнмæ куы ныххæццæ, уæд æй гитлеронтæ уæлдæ- фаш бафиппайдтой æмæ йыл бомбæтæ ныккалдтой. Арты пил- -юм цъиувæдис... Уæдæй фæстæмæ Хаджумар Чермен æмæ Дæрайыл нал фембæлдис... Кубаны быдырты Абайы фырт ба-> хаудта 227-æм дивизимæ æмæ йын йæ бæрны бакодтой развæд- сгарджыты ’взвод. — Дæс боны дæргъы мæ разведкæйы дæр нæ ауагътой, — æрымысы Хаджумар. ’ ■ . — Нырма, .дам, æвæлтæрд дæ, дæ хистæр æмбæлттыл-уал ахуыр кæн. Иуахæмы мæм фæсидтис нæ батальоны командир " æмæ мын загъта: — Де ’взводæй дæс хæстоны демæ акæн æмæ, бул^. къонмæ. Дивизийы командир, Советон Цæдисы Хъæбатыр булкъон Лреображенский мыл сæмбæлдис тынг зæрдæхæларæй. — Уæддæр æгуыстæй æнкъард кодтай, æмбал кæстæр лейтенант.’Ныр дæ бафæлварыны афон æрхæццæ. Нæ къухы æвзаг» куы нæ бафта, уæд нæ хъуыддæгтæ мæгуырау сты. Гитлеронтæн сæ «риссагдæр» бынæттæ нæ зонæм æмæ нæ æгæр ^лхъивынц. Цыбыр дзырдæй, дæ цæргæстимæ дæ æрвитыи тæссаг хъуыддагмæ. Дæхимæ кæе. Хæс,куыд сæххæст кæнат, уый тыххæй фехъусын кæндзынæ комкоммæ мæхицæн. о Æмæ йæ «сæххæст» кодтон. Хæст хæст у, иарад нæу. Мæ- зигй уыи æрбайрох æмæ немыцæгтæн нæхи раргом кодтам. Астоматтæй ныл ныккалдтой. Ме ’мбæлттæй иу фæмард. Мæхи- Ца«" да»р мæ цонг фæцæф. Афтæмæй нæ сæр нæ кой скодтам. Фьфц^фсаэрмæй йæм комкоммæ бакæсын нæ уæндыдтæн, афтæ- :иæн 'Орла^ууыдтæн булкъоны раз. Зæгъын, афтæ æмæ афтæ, ахсджиаг хæс комкоммæ ме ’нарæхстдзинады аххосæй фæ- сыкк ис ;>мæ дæ ^курын, цæмæй мыл бадæттай хæстон трибу- налмæ. • Булкъоц мæ раст хи фыды хуызæн барæвдыдта: Алы хъуыдд’аджы тыххæй нæ адæмы трибуналмæ . куы дæттæм, уæд „æ сæр куы.бахъуыднс... Ды нырма лæппу дæ, Аба- « 27
йы фырт, дæ туг фыцгæ кæны. Фæлæ хæст ха^ст у, лæгъз бы- нæттыл дзы .зынтæй сæмбæлдзынæ... — Уæд та мын ахсæв мæ рæдыд сраст кæныны бар радт. — Гъе, уый æндæр хъуыддаг у. Æмæ*нæ дыккаг балц фæрæстмæ. Ахызтыстæм цæугæдоет Куркайыл. Нæ гуыбыныцъæрттыл бабырыдыстæм немъщаг1 пулеметмæ. Мæлæты цырддзастæй дæр хъахъхъæдтой пулемет- чиктæ, фæлæ сыл хинæй рацыдыстæм. Дыууæйæ нын сæрнизы хос йедтæмæ ницы уыдысты æмæ сæ иуы зæрдæйы кард нЫс- сагъд... Нæ амæттагимæ здæхæм фæстæмæ. Фæндагыл ныл бон æрбарухс. Дыууæты ’хсæн иу акъоппы нæхиуыл æризæр кодтам. Мæ цонг ныррæсыд æмæ ма йын йæ рис тыхæй урæд- тои. Ме ’мбæлттæ мын мæ мидæггаг хæдон алыгтæ кодтой æмæ йæ уымæй бабастой. — Уый замманайы «цъиу» куы ’рцахстат! — раппа^лыд булкъон. — Фæлæ дзы цыма дæхи цонг дæр фæцъæррæмыхст, — ацамыдта мын мæ бастмæ. — Иæмыг дзы иннæрдæм ахызтис, æмбал булкъон, — ба- раст æй кодтон æз. — Нæ дæ «’мбарын... Ау, афтæ куы зæгьыс, топпы гæрах уæм уæвгæ дæр не ’рцыд. — Уый æндæрæхсæв уыдис, æмбал булкъон... — А-а. Уæдæ æндæрæхсæв фæцæф дæ/ мæнæн æй не схъæр кодтай, афтæмæй та дысон разведкæйы ацыдтæ? Хиуарзон- дзинад дыл фæуæлахиз? — Æнæмæнг афтæ!.. — Гъемæ «æнæмæнг афтæ» кæй у, уый тыххæй дын — æф- хæрд, хæс иттæг хорз кæй сæххæст кодтай, уый тыххæй та дæ • бавдисдзынæн хорзæхмæ. ...Хаджумар йæ фыццаг хæрзиуæг — Сырх Стъалыйы ор- ден райста æфсæддон рынчындоны. Æмæ та — фронтмæ. Керчы донбакæлæныл сæ пауы æхсæ- вы бамидæг кодтой Хъырымы. Былгæронмæ ма иу чысыл куы баззад, уæд нау æрлæууыд æмæ Абайы фырты йе ’взводимæ хуымæтæджы бæлæгътæм æрæргъæвтой. Йæ хæс — сусæгæн былгæронмæ бахъуызын," немыцаг хъахъхъæнджыты «сисын». ■ Взвод йæ тæссаг хæс сæххæст кодта иттæг арæхстджынæй. Махонты æнæнхъæлæджы фæзындæй немыцæгтæ цы акодтаик- кой, уый нал зыдтой. Сæ иутæ куырмæджы лидзынмæ фесты. Иннæтæ ма сæхи фæхъæбатыр кодтой, ныхмæ æрлæууыдыстьГ явмæ сын туджы аргъ сыстад. Хаджумары взводæй фæцæфис æрмæстдæр дыууæ хæстоны, афтæмæй Æнæном бæрзæндыл æр- фйдар. Иннæтæн былмæ рахизæн фæндаг асыгъдæг. Æрбабырс- той æмæ бацахстой зæрдæдаргæ хæцæн бынæттæ. Суанг райсом- -мæ нæ басабыр немыцæгты пулеметты æмæ^.автоматты^ къæр- ^къæр. Фæлæ махонты тыхтæн ницы зыдтой æмæ сæ фидар бы- нæттæ фæстæмæ байсынмæ сæ ныфс нал æрбахастой/ 28
Уыцы сгуыхтдзинады тыххæй взводы æппæт хæстонтæ дæр райстой хæрзиуджытæ. Йæ командир Абайты Хаджумары риуæй дæр тæмæнтæ скалдта йæ дыккаг хæрзиуæг Фыдыбæс- тæпы хæсты дыккаг къæпхæны ордеи. Ссвастополмæ хæстæг, Балаклавæйы районы ис сæкæры завод. Немыцæгтæ дзы пулеметтæ æрфидар кодтой. Уымæй мах- ырдæм га дзы скъахтой дæргъæй-дæргъмæ акъоппыты æртæ рæнхъы. Бнрæ хæстонтæ фæмард ис махонтæй боныгон немы- цæггы уыцы фидар бынæттæ байсыныл фæлваргæйæ. Бомбæтæ æппарæн æмæ сæм сармадзантæй æхсæн нæ уыдис — стыр зи- ’æнттæ æрцыданд нæхионтыл дæр. Æмæ та иу мæйдар æхсæв, растдæр зæгъгæйæ та 1944 азы 29 апрелы, уырдæм ныббырсын дæр бахæс кодтой Хаджумары ротæйæн. Размæ та — æнæ сыппæй, гуыбыны цъарыл. Уалынмæ мæйдары ныннæрыдис «ура!» Джебогъæй хæст... Цæфты хъæрзын... Раззаг акъопи гитлеронтæй асыгъдæг... Дыууадæс дзы сæхи бакодтой фæуæла- хизуæвджыты «уазæг». Знаджы иннæ акъоппытæй ма автомат- тæ бæргæ скуыстой, фæлæ — куырмæджы. Хаджумары ротæ раззаг акъоппыл фидар хæцыдис æртæ боны дæргъы. 2 майы йæм* райсомæй немыцæгтæ бахъавыдыс- ты тыхджын ныббырст саразынмæ, адонæн сæ бæрæгбон у æмæ ныр расыг уыдзысты, зæгъгæ. Æмæ... Дыууæ акъоппы ’хсæн пу фондзыссæдз салдаты æмæ афицеры бæрц мæрдтæй ныууагъ- той, иннæтæ сæ сæртæ ’фснайынмæ фесты... Æмæ бирæ сты Хаджумары хæстон сгуыхтдзинæдтæ. Иæ ротæимæ знаджы дæрæнгæнгæ, ахызтис нæ бæстæйы арæныл, оафтыдис Венгримæ, Германмæ, Австримæ... Æмæ фылдæрæй- .фылдæр кодтой йæ хæрзиуджытæ — йæ хъæбатырдзинады цар- дæгас æвдисæнтæ. Чехословакаг иу районы центр, Гудурши, зæгъгæ, сæрибар кæнгæйæ, стыр хъæбатырдзинад кæй равдыс- та, уын тыххæй та йæ хæрзиуджытыл бафтыд Сырх Стъалыйы орден, хъæубæстæ та>йын балæвар кодтой саргъы бæх. Фæлæ чысыл ма бахъæуа, Уæлахизы бон мауал æрæййафа \æххон хъæбатыр командир. Хæсты фæудмæ дыууæ къуырийы Дæр æххæст нал баззад, афтæ Австрийы быдырты йæ риуы "ахызтис фыдызнаджы нæмыг... Йæ цæф куы байгас, уæд Хаджумар отпускы ссыдис йæ райгуырæн Ирыстонмæ. йæ риуæй цæхæртæ калдтой æхсæз ордены æмæ цалдæр майданы. Хæсты фæстæ дæр ма æвддæс азы дæргъы фæахуыр кодта Советон Æфсады æрыгон ног æмæ ног фздтæртæ.; Отставкæйы майор Абайты Хаджумар ныртæккæ кусы ОрдЖоникйдзейы заводтæй сæ иуы. *
Пухаты Илъя ÆХСАРДЖЫН ХÆСТОН гайты Джемаглдины фырт Хъазбег райгуырди Цæ- гат Ирыстоны, Хуымæллæджы хъæуы. 1939 азы каст фæцис пæ райгуырæн хъæуы дæсазон скъола хорз нысæнттимæ æмæ ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. 1941 азы Хъазбег каст фæци афицерты скъола æмæ йьш радтой лейтенанты иом.- 1941 азы 22 июны гитлерон фашисттæ абырæгои æгъда- уæй æрбабырстой нæ бæстæмæ æмæ Хъазбегæн дæр Красно- дары горæтæй йæ хæстон фæндаг райдыдта. Хъазбег активон хайад иста Хурныгуылæн фронты. Уыд 225 æхсæг дивизийы 97 æхсæг полчы взводы командир. Сæ полк уыди Хурныгуы- лæн фронты хъахъхъæнынады позицийы горæт Днепропет- ровскы. ? 1941 азы 25 августы Хъазбег фæцæф ^снаряды схъисæй æмæ хуыссыди горæт Чугуевы госпиталы. Куы сдзæбæхис, у^æд 1 фæстæмйэ ацыд фронтмæ. Снысан æй кодтой Волховы фронты 374 æхсæг дивизийы 4242 æхсæг полчы ротæйы командирæй. 30
Сæ полчы уæд уый карз тох кодта гитлеронтимаэ Ленинграды блокадæйæ ссæрибар кæныныл. Командæкæнынад бахæс кодта полкæн, цæмæй сæ дивизк- йы разæй ахызтаид Волховы доныл æмæ йæ фаллаг фарс ба- цахстаид плацдарм. Уыцы хæс полк сæххæст кодта. Волховы сæрты разæй ахызт Хъазбеджы ротæ. Уьты тохты Хъазбег дыккаг хатт уæззау цæф ф!æцис. Уый уыдис 1942 азы 8 январы. Аластой йæ горæт Березникæйы госпиталмæ. Госпиталы фæци æртæ мæйы. Куы сдзæбæх ис. уæд райдыдта службæ кæнын Злотоусты пулеметон рот!æйы командиры хæдивæгæй. Хъазбег Волховы фроиты, Ленинграды блокадæйæ ссæри- бар кæныны сæрыл тохты йæхи активон æмæ хъæбатыр хæсто- пæй кæй равдыста, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Сырх Тырысайы орденæй. 1943 азы июлæй 1944-æм азы июлмæ Хъазбег ахуыр код- та афицерты скъолайы. Каст æй куы фæцис, уæд кусын рандыд- га Дыккаг Украинæйы фронты 80 гвардион дивизийы 232 гвар- ,1,1юн æхсæг полчы батальоны командирæй- 1944 азы августы советон æфсæдтæ сæрсæфæн цæф фæ- кодтой гитлеронтæн Яссæ-Кишиневы фадыджы. Уыцы аз Советон Æфсады къухты бафтгæ къорд стыр уæлахиздзинады ’хсæн фыццаг бынæттæй иу ахсы Яссæ-Кишн- певы операци. Операцийы фыццаг бон 2-æм Украинаг фронты æфсæдт,ге , размæ ацыдысты 16 километры æмæ атыдтой знаджы хъахъ- чъæнынад. Фашисттыл (æрцыд стыр зиæнттæ, дæрæн æрцыд знаджы 5 дивизи, раконд æрцыд 3.000 уацайраджы афицертæ æмæ салдæттæ. Хъазбеджы батальон дæр ракодта 350 уа- цайраджы. 10 мин салдат æмæ афицерæй фылдæрæи сæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй лæвæрд æрцыд ордентæ æмæ май- дантæ. Хъазбег дæр райста Александр Невскийы орден 1945 азы февраль æмæ марты горæт Секеш-Фехервары (Венгри) ссæрибар кæныныл цыдис стыр тох. Горæт Будапешты гитле- рон фашисттæ мах æфсæдты æрхъулайы куы бахаудысты, уæд Секеш-Фехервары горæтæй знаг бырста Йæ æфсæдты Буда- пешты æрхъулайæ фервæзын кæнынмæ, фæлæ фашистташ ни- цы рацыд сæ бахъавтытæй. Горæт Секеш-Фехервары гитлероитæй ссæрибар кæныны тохты æ3 мæхæдæг дæр хайад истон. Уым афтæ стыр тохтæ цыд æмае горæт бои 3—4 хатты цыдис къухæн-къухмæ. Горæт куы ссæрибар кодтам, уæд, иу цалдæр боиы фæстæ, мах æф- сæдтæ дарддæр ацыдысты размæ. Фæлæ та иу цалдæр боны фæстæ гитлеронтæ^ нæ ныхмæ рарвыстой танктæ «Королевские 31-
тигры» æмæ та фæстæмæ бацахстой горæт. Не ’фсæдтæ стыр зиæнттæ ракодтой знагæи, тард æрцыдысты горæтæй. 1945 азы ’ апрелы цыдис карз хæстытæ Австрийы столицæ Венæйы гитлеронтæй ссæрибар кæныны тыххæй. 232 гвардиоп полчы командæкæнынад бахæс кодта Хъазбегæн, цæмæй н<т батальон фыццаджы дæр. бабырстаид Венæмæ, бацахстаид, Дунайыл цы хид ис, уый æмæ немыцæгтæн ма бауагътаид ми- нæтйвй хид фехалыи. Ацы ахсджиаг хæс æвæстиатæй сыххæст кодта Хъазбег йæ батальонимæ. Гитлеронтæ сырд æрцыдысты æмæ хид бацахста йæ батальон. Хъазбег йæ хæс кæй сæххæст кодта æмæ лæгдзииад кæй равдыста, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Фыдыбæстæ- йон хæсты дыккаг къæпхæны орденæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы фæцис, уæд 1946—1947 аз- ты Хъазбег куыста Знауыры райоиы æфоæддон къамисариаты. Хъазбег ныртæккæ кусы горæт Орджоникидзейы, цæргæ дæр уым кæны. а
Асаты Реуаз ЛЛБКСАНДР НЕВСКИЙЫ ОРДЕНХÆССÆГ æхи Шура, — афтæ йæ хоныиц нæ горæты йæ бирæнымæц хæлæрттæ æмæ ’æмбæлттæ. Рагæй йæ зонын æз дæр, чысылæй ф-æстæмæ иумæ хъо- мыл кодтам Сталиниры. Зæрдæхæлар, æмгæртты уарзаг, сабыр, уæзбын, зæрдæ- ргъæвд алцæмæ дæр, — ахæм хорз мйниуджытæ схай кодта Шурайæн æрдз. Æм(æ ма уыцы удыхъæдмæ бафтыдис бирæ æндæр хæр- зиуджытæ: хъæбатырдзинад Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, бæрзонд моралон зоидахаст, æнæкæрои уарзоидзинад Райгуы- рæн бæстæм. , • Шура уæлдай тынг уарзы Ирыстоны, йæ къахыл кæм слæууыд, фыццаг.) сулæфт кæм сфæрæзта, уый. Æмæ стæй ирон æвзаг куыд хррз зоны... Фæлæ ууыл дæр нæ фæуд кæнынц лæгау-лæджы фæзми- наг миниуджытæ. Щураимæ æввахсдæр базонгæ д^вн Хуссар Ирыстоны паддзахадоп музейы фарон. Æрбахуыдтам æй со- з-5 33
ветои рæстæджы истори æвдисæг экспозици погæй саразьнг æмæ сфæлындзынм)æ. Æмæ уый диссаджы куыстуарзаг лæг разындис! Йæ фер- дæхт, йæ^арæхст, йæ фантази, йе ’рмдзæф æрдхæрæн фесты1 Лæджы уырнгæ дæр нæ бакодтаиккой, мæхи цæстæй йæ куы пæ федтаин кусгæ, уæд. Уыйу æцæг сфæлдыстадон кусæг, æрдз æнæвгъауæй кæй радта, ахæм парахат курдиат, мæнæ аф- тæ кæй акæнынц, «сыгъзæрин къухты хицау у», зæгъгæ, ахæм гуырд. — Шура, иу ран куы схъомыл, стæм æмæ дæ æз ахæмæн. куы никуы зыдтои, уæд кæм сахуыр дæ уыйæппæт дæсиыйæд- тыл? — афарстон æй æз дисгæнгæйæ. — .Мæгуыр лæгмæ дæр исты миниуджытæ хъуамæ уа! — хъазынырдæм аздæхта ныхас асæй — ныллæг. азтæй — рæс- тæмбис, бæзæрхыг, уæйгуытæконд лæппу-лæг Аджамян Суреа Ерванды фырт. — Афтæ-иу мæхицæн хъазыдтæн æмæ цыдæр- тæ базыдтон, — йæ мидбылты бахудгæиæ, загъта хæдæф- сармæй. Шура райгуырдис 1913 азы ноябры. Чысыл лæппуйыл афæдз йедтæмæ нæма сæххæст, афтæ амард йæ фыд, -*- са- хаттæ цалцæггæнæг; йæ мадта уыдис дарæсхуыйæг. 1937 азы Леуахийæн уыцыфарс авдазон скъола каст куы фæцис, уæд дарддæр ахуырмæ бацыдис Сталиниры М. Горькийы номыя ирон астæуккаг скъоламæ. 1938 азы бацыдис ленинон фæскомцæдисы рæнхъытæм. Астæуккаг ахуырад райста, стыр уырыссаг критик В. Г, Бе- линский афтæ кæмæй загъта, зæгъгæ, æзч тæхуды кæнын ма> сомбоны зæнæджы зæнæгмæ æмæ уыдон фæстагæтт!æм, 1940 азы чи цæрдзæн, гъе, уыцы аз. Æцæгдæр, стыр амондджын уыд советоп адæмæн уыцы аз. Уæд кафгæ æмæ заргæ .ацыдис кадджын Сырх Æфсады рæн- хъытæм Шура дæр. Фæлæ уый хыгъд æнæкæрон æнамонддзинæдтæ ’рхаста йæ дыккаг, 1941 аз: гитлерон абырджытæ сæхи ныццавтой на> Райгуырæн б’æстæйыл. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Слæг ис Шура дæр йе ’мцахъхъæн амондджын фæсивæ- димæ. Фыццаг аз слу^бæ кодта горæт Ефремовы. Рæнхъон сырхæфсæддон уыдис хæстон æмæ политикон цæттæдзинады цæвиттон. Физикон æгъдауæй фидар, ахуырмæ æвзыгъд саЛ- даты 1941 азы ноябры арвыстой ’ горæт Мæскуыйы Ленины ор- денджын физкультурæйы Паддзахадон Централон институты Сырхтырысаджын æфсæддон факультетм^’æ ;курсантæй. Касг дзы фæцис иуазон курсытæ >æмæ йæ 1942} азы кусынмæ^ар- выстой горæт Маримæ — пулеметон ахуыргæнæндонмæ ^изн- кон бацæттæйы ахуыргæнæгæй. . № ’ '!>' 1943. азы фæззæджы Сурен Аджам&н æрвыст æрцыд фронтмæ. Уæд ын уыдис лейтенанты чин æмæ ссис 1-аг Бело- 3*
пуссаг фронты 132-æм Бахмачы æхсæг днвизийы 498 полчы æхйæг ротæйы взводы командир. Лæвæрд æм уыдис 32 хæс- тоны. ! * Æрлæууыд 1944 азы февралы мæй. Карз тохтæ цыдис Белоруссийы зæххыл. Ам размæ бырстой 2—3 советон фистæг- æфсæддон дивизийы. Калинковичийы здæхты Холодники, зæгъ- гæ, уыцы цæрæн пункты районы гом бынаты хъахъхъæдад бацахста Аджамяны дæлхай дæр. Сæ полчы раз æвæрд уыдис ахæм хæстон хæс: зиаджы уыцы цæрæн пунктæй асурын æмæ æфсæнвæндагон хаххы фалейæ позицитæ бацахсын. Хъомысджыи артиллерион бацæттæйы фæстæ хъазуат бырсты ацыдысты дивизитæ, полктæ, ротæтæ, взводтæ. Йæ хæстонты разæй бырста æвзонг лентепаит, «ура!» хъæргæпгæ сæ раз’æнгард кодта гитлерон абырджыты иыддæрæи кæнын- мæ. Знаг дæр фыиæй нæ кодта. Нæмгуытæ цъыввыттытæ код- той. Махоитæ-иу тыхджын æхсты бын ныххуыссыдысты æмæ та-иу сыстадысты размæбырстмæ. Немыцæгт’æ траншейтæй фæгæппытæ кодтой, сæ чъылдымтæ фенын кодтой. Не ’фсæд- тæ истой фидæрттæ, дзоттæ, куыиæг кодтой пулеметон зынгои тæппытæ. Уыцы тохы ’рхаудта хъæбатыр командир. Сарма- дзаны нæмыджы схъисæй фæцæф ис йæ рахиз къах фадхъулы сæрмæ, нæмыг ацыд йæ галиу бæхбæттæны бынты. Фæлæ уæддæр тохы быдыр нæ ныууагъта, тæвдæй ма йæ иу фазыл бырыдис æмæ хæстонтæм дзырдта: — Размæ, чысыл ма уæ хъæуы, хуыздæр фæут, мæ цæр- гæстæ! Æмæ иу цасдæр рæстæджы фæстæ пемыцаг-фашистон тыхæйисджытæй сæрибар .æрцыд уыцы цæрæн пункт. Махонтæ фæсæфсæнвæндаг сæхицæн плацдарм (æрцахстой. Медсанрат- мæ рахастой цæф лейтенанты. Фæлæ рох нæ баззад йе сгуыхт- дзинад. Уыцы хæстон архайдтыты рæстæджы взвойæн арæхст- джын разамынды тыххæй Аджамян Суреи æвдыст æрцыд фыццаг хорзæхмæ — Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй май- данмæ. Апрелæй маймæ хуыссыдис горæт Речицæйы эвакогоспи- талы. Уый фæстæ не ’мзæххон бахаудта горæт Добрушмæ. Уым 10-æм фæсауæрцон .æхсæг бригадæйы 4-æм полчы акуыс- та физикон бацæттæйы хистæрæй. Гъе,'Стæй йæ раразмæ код- той Бресты 1-аг æхсæг дивизийы 412-"æм æхсæг полчы ротæйы командирæй. — Æз аббн.дæр сæрыстыр æмæ буц дæн, Советон Цæди- сы Марщал, (Со^етои Цæдисы цыппар хатты Хъайтар Г. К. Жуковы къухдарйуæджы бын уæвæг 1-аг Белоруссаг фронт-, мæ та иогæй кæй’^ахаудтæн æмæ^æй хæцыдтæн, — йæ цæс: тытæ цины ’рттывй фæкæнынц Сурен Аджамянæн, уый тых- хавй куы фæдзуры’ДУæд. ’Хурныгуылæп Белоруссийы иттæг зын тохы фадыг уы- ,35,
дис (æину дзы иу ран дяер æнцон нæ уыдис, уæлдайдæр та фистæг æфсæддонæн, уымæн æмæ ссæрибаргонд территорн- йыл салдат куыпæ ’рфидар уа, уæд уымæн «сæрибар у», «байс- там æй», «бацахстам æй», зæгъгæ, схонæн нæй). Стыр лæджы- гъæд .æмае арæхстдзинад равдыста фæлтæрд лейтенант йæ ро- тæйы хæстон архайдтыты рæстæджы тохы дæр. Немыцаг тыхæйисджыты ныхм.æ тохты Белоруссийы зæххыл Советоп Æфсады командæкæныиады хæстон хæслæвæрдтæ хорз кæй сæххæст кодта, уый тыххæй Аджамяи Сурен Ерванды фыр- тæн аккаг æрцыд Хъæбатырдзинады-тыххæй майдан. Сурен сæхимæ й,æ иу фыстæджы афтæ фыссы: «Мæ зынаргъ мад, мæ мæт ма кæн. Æз ныртæккæ фронты дам1. Знои размæбырсты ацыдыстæм æмæ ссæрибар кодтам цалдæр хъæуьт, уацары ракодтам бирæ немыцаг салдяеттæ æмæ цалдæр афицеры. Мæ уарзон мад, зонын æй, æхсызгоп дып уыдзæн: абон мæ схорзæхджыи кодтой. Дæхи Шура». (11. 10. 44). Фæл*æ тохвæлтæрд комаидирæи йе сгуыхтдзинады куль- минациои тæпп иууыл уæлдæр схызтис, Бугы цæугæдоныл ССР Цæдисы паддзахадон арæнтæй куы ахызтис æмæ æфсы- мæрон Польшæйы зæхм!æ куы бахæццæ, уæд. Уым Аджамяи райста хистæр лейтенанты æфсæддои чин. Æппынæдзух карз тохты бахæццæ ис Европæйы стырдæр фурдтæй сæ иу — Вис- лæйы донбылгæронм^æ. Æрбадтис цæугæдоиы былыл æмæ йын æдзынæгæй касти йæ фæззыгон ул-æнтæм. Доны айдæны йæ цæстытыл цыма ауа- дысты йæ Райгуырæн Ирыстоны урссæр хæхтæ, йæ сывæлло- иы æмæ йе ’взонджы бонт’æ кæм арвыста, уыцы Сталиниры уынгтæ, йæ мад <æмæ йæ фыды уæзæг. Иæ уæрагыл æрывæрд- та гæххæтты сыф, гæххæтты фыццаг фарсыл размæбырсæг таикыл советон хæстонтыныв, йæ бынмæ æмдзæвгæйы строфæ: «Победа над лютым врагом близка, Чтоб светлые дни настали. — Вперед! — говорит нам родная страна, — Вперед! — приказал нам Сталии!» Гæххæтты сыфыл фæзындысты фыццаг дзырдтæ, хæстоны зæрДæйы райгуыргæ’ æхсидгæ дзырдтæ (тыхт гæххæттыл рæ- сугъд къухфыстæй фидауы: Е. О. Аджамянмæ). «Салам мæ зынаргъæмæмæ никуы ферохкæнинаг мадæн. •’ ’Зонын æй, мæ хабæрттæ фехъусын дæ фæнддзæн. Æз.^ит- тæг хорз хатын мæхи. Мæ мæт дæ ма уæД. Ныртæккæ;»дæн хæсты. Иу цъус хъуамæ аулæфæм æмæ та рæхджыразмæ ацæу- дзыстæм» (15. 10. 44). Быдырон пост 0538& «М>>. Сурен’ Аджамян йæ фыстæдл<ытæ æмæ йæ документтимæ æрæджы музеймæ æрбахаста Польшæйы территорийыл йæ 36
хчæстон архайдтыты уæды чысыл оперативон картæ* Нывæзтыл сырх къарандасæй иысан сты цæрæн пункттæ æмæ хъæутæ. Уый сын радта сусæг нæмттæ: тулдз, мохъо, бал, сауиæмыг, фæткъуы, иеси, члауи, хъæлæрдзы, харбыз, нас, фикус, м!æ- пæргъы, стъалы, хæрис, цурк,. змис, æнгуылдз, æфсир, хай, сы.фтæр, сæмæн, топпы лулæ, хъæдур, мигъ, æртæх, къæрмюег... Уыцы иысæнттæ сты цæугæдæттæ Вислæ <æм.æ Ныгуылæн Бугы ’хсæн. Нывæцыл бæрæгæй зынынц хъæдтæ, фæзтæ, дæлвæзтæ, къуылдымтæ. Цыбыр дзырдæй, алы тæпп дæр, армытъæпæ- ныл æйæрдау, зыны бæлвырдæй. Картæйыл фыст ис 21. 10. 44 аз. Бресты 1-аг æхсæг дивизийы сконды 412 æхсæг полчы 2-аг батальоны 4-æм ротæйы командир хистæр лейтенант Су- рен Аджамян активон хайад райста Польшæйы зæххыл æф- сæнвæидагон чысыл станцæ Велишевойы цур карз тохты. Уы- дис дзы цалдæр х!æдзары. Йæ фарсм-æ цы хъæды парк уыдис, уым, нæ развæдагурджыты зонæнтæм гæсгæ, немыцæгтæ æрымбæхстысты æмæ -æрфидар сты. Уыдис сæм 2 танкы вемæ ротæйы бæрц удæгас тыхтæ. Махонтæй уырдæм уыдаид 6—7 километры дæрддзæг. Цыдысты тохгæнгæ размæ. Нæ батальо- пы раз уыдис знаджы уыцы пунктæй фæсурын æмæ станцæ ссæрибар кæныны хæс, Аджамяны ротæ цыдис комкоммæ хъæумæ æмæ хъæды къохмæ, иннæ дыууæйы та галиу æмæ рахиз флаигæй радтой æхст. Сымбу кодтой сармадзантæ, ми- нометтæ, танкæты æрурæдтой рæстдзæвнн танкæтыныхмæйоп хотыхтæ. Иу 2—3 æмæхсты фæкодта дард хъæды къохæй «Ка- тюшæ» дæр. Зæхх æмризæджы рызтис. Знаг фергъуыйау æмæ дидзæг фæцис, тохы быдыры бирæ мæрдтæ <æмæ цæфтæ ныу- уадзгæйæ, йæ хæцæнгæрзтæ акалгæйæ. Фæлæ кæдæм хъуамæ лыгъдаиккой? Аджамяны рæстдзæвин хæстонты нæмгуытæ-ну сæ баййæфтой æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ! Уыцы тохы мах- онтыл, гæзæмæты йедтæмæ, зиан не ’рцыдис, уымæи æмæ хæстон операци развæлгъау хорз бакуыстгонд æрцыд æмæ знагæн уыдис æнæихъæлæджы. Велишево сæрибар æрцыд уы- цы иу фæцæф æмæ хъазуат бырстæй. Не ’фсæдтæ хъæды паркмæ куы бахæццæ сты, уæд немы- цаг минæ .æхситтгæнгæ рацыд, бæласы цонгыл еæмбæлд, фе-^ хæлд æмæ йæ судзгæ схъистæй уæззау фæцæф ис Сурен Аджа- мяны галиу^агъд æмæ йæ риу. Бирæ туг дзы фæцыд, бауа- дзыг ис. Тох йæ тæккæ цырыныл , уыдис. Алы бæ«т*асы бып- дзæфхадыл цыдис ихуарæгау æхст. Цæф командйрæн сани- тартæ фыццаг æххуыс бакодтой, фæлæ уым .^баззад сихорафо- нæй суапг изæрмæ. Хъæдæй йæ куы раластаиккой, уæддæр тыгъд быдыры тæссаг уыдис, немыцаг минаметчиктæ сæ суыд-, таиккой мыййаг... ^ Уый уыдис хистæр лейтенанты фæстаг тох. Полчы коман- -"Щр æм рынчынфæрсæг бацыдис, тох куы ’рнымæг ис, уæд æм& 37-
йып иæ хъæбатырдзииад æмæ сгуыхтдзинады тыххæй йæхи цур ныффыста Сырх Стъалыйы орденæй схорзæхджын кæны- ны тыххæи '• сыф. Фæлæ командæкæнынад уыцы гæххæтмæ лæмбынæг æркаст æмæ йым’уый бæсты саккаг кодта Алек- сандр.’Невскийы ордеп (2. 12. 44 аз, бардзырд № 0231). Ацы хорзæх ьш æрырвыстой Мæскуыйæ Сталинградмæ æмæ ныр йæ’ хæстон картæимæ æвæрд сты областон музейы). Ластой уæззау цæф кома’ндиры. медсанбатæй иу быдырон г’оспиталæй — иннæмæ, иу эвакогоспиталæй иннæмæ. «’ «Мама-джан, — сомихаг ныхасы хаттæй фыста йæ мад- ма\ — пыр мын ницы уал у, мæ къахыл слæууыдтæн, цæуын- хъом фæдæп, æцæг, зынтæй, фæлæ уæддæр уый къахæй цæ- уын хуыйпы. Фыстæг дæм фыссы’н фæидагæй. Санитарон по- ечлы цæуын, раст зæгъгæйæ йын мæхæдæг дæр нпцы хатып — кæдæм. Дæхи Шура (11. XI. 44 аз»). Хос кодта горæт Казаиы эвакогоспиталы. Уырдæм æм уайтагъд йæ мад ныммидæг, ракуырдта йæ Сталиниры эва- когоспнталмæ. Сурен Аджамяны цинæи кæрон дæр нал ’уы- дис, йæ райгуырæн Ирыстонмæ "кæй æрхæццæ, уцмæй. Тагъд йæ цæфтæ байгас сты, йæ хъæдгæмттæ сфидар сты. Госпиталы медицинои хойæ куыста æвзонг чызг, Ленингоры районы Орчъосаиы хъæуккаг Гояты Тамарæ. Дыууæ æвзонг уды кæрæдзи бауарзтой æмæ сæ цард сиу кодтой. '> Фæсхæст æрулæфт нæ уыд тохвæлтæрд лæппуйæн 1945 азы майы æмбисы æрвыст æрцыд ФæскавказыÆфсæддон окруджы штабмæ. Æртæ мæйы фæкуыста Гуырдзыстоны ССР æфса»ддои комнссариаты ннструкторæй. Уый фæстæ, суанг 1956 азысæрдмæ, уыдис æндæр æмæ <æндæр бæрнон бынæтты. 1948 азы райста капитаны чин. 1952 азы, горæт Балашовы зо- ныпæдтæ фæбæрзонддæркæныны æхсæзмæйон курсытæ æнтыс- гæйæ куы фæцпс, уæд та ссис майор æмæ аст азы размæ отстав- кæпы ацыдис. Фæлæ æрулæфт кæм ис лæгау-лæгæн! С. Е. Аджамян ныр- тæккæ æххæст кæны нæ горæты электрохызæджы кадрты ин- женеры хæстæ. " Александр Невскины орден, Хъæбатырдзинады тыххæй, Хæстои сгуыхтдзнпæдты тыххæй майдаптæй уæлдай ма Сове- тои Æфсады рæихъыты йæ бирæазон æнæлаз æмæ æнæзæрдæ- худт куысты сæраппонд Сурен Аджамян хорзæхджын æрцыдйс Сырх Стъалыны орденæй. Уый æддейæ ма йын йс Германыл фæуа^лахнзы тыххæй, Советон Æфсадыл XXX азы сæххæсты, Уæлахизы боныл XX азы сæххæсты, Советон Æфсад æмæ Æфсæддон-Денджызон Флотыл 50 азы сæххæсты тыххæй май- дантæ, стæй цалдæр Кады грамотæйы. "ч "^ 38 Ъ
Тыджыты Юрии ТÆХÆГ ХУЫСИНÆ æззыгон сабыр. æхсæв йæхи æруагъта горæты фæллад уæхсчытыл. Арв радгай ссыгъта йе ’нусон цырæгътæ. Хурыскæсæны ’рдыгæй æиæнымæц. стъалыты рæзты, цæхæртæ калгæ, сфардæг йæ цæлхыдзаг мæй. Урссæр х’æхты цъуппытæ разындысты ирдæй. Арвыкомæй æрбаулæфы фæлмæн дымгæ, æмаз сæхнмидæг базмæлынц бур-бурид сыфтæртæ. Фæскуыст адæм тезгъо кæнынц Хетæгкаты Къостайы номыл парчы. Айдарты Хуысинæ дæр сындæггай зилы Терчы былгæрæт- ты. Иуафон; æрлæууыд, хæххон дон æмвæтæнæгæй кæм цæуы, уым къардиуыл. Цемент быруйы сæрты ныккасти знæт уылæи- тæм. Хуысииæ сын хъусы сæ иугæндзон зарæгмæ. Уылæнтæ -сæ авда^ны узынц æнæмигъ арв æд стъалытæ, æд мæй. ~ Куыд хорз дæ, сыгъдæг арв æмæ сабыр æхсæв! — ар- выл йæ цæст ахæсгæйæ, æхсызгон- улæфт скодта Айдары фырт ■æмæ та ногæп ныккасти уылæнтæм. Исдуг æдзæмæй аззади. Афтæ йæм фæкасти, цыма, Теркау, йæ рæзты кæрæдзи фæдыл ^гъорын райдыдтой ’йæ рагбонтæ, йæ тохы фæндæгтæ... 39
:Ь Ф * .Æрдзæй лæмæгъ рахаста цыколайаг лæппу Хуысинæ- Уый нæ бафсæсти йæ ныййарæджы рæвдыдæй. Æртæ азы дæр> ыл нæма сæххæст, афтæ амард йæ мад. Хуысинæйы фыд Су- лейманыл цард тынгдæр æруагъта йæ уæззау уаргъ. Фæцу- дыдта, фæкарджыидæр. Дывыдон арты бахаудта Сулейман. Цы сараза йе 'нахъом> æхсæз сывæллоиæн, цæмæй сæ дара? Нæ — фос, нæ — зæхх, нæ — сабитæм фæкæсæг. Æмæ сæ байуæрста йæ хæстæджы- тыл, йæ хотыл. Хуысинæйы æмæ йæ кæстæр хо дыууадæсбон- дзыд Тæйбеты æрбаласта Елхотмæ йæ хо Сæлбиты чындз Го- дзæгамæ. ^Уымæн йæхи царды фадæттæ дæр бирæ хуыздæр нæ уыдысты, .уæддæр æнамонд сывæллæтты фæстæмæ сæ фыди- мæ Цыколамæ нæ аздæхта. Уыдонмæ кæсгæйæ, æруадыстьг йæ цæссыг^тæ, барæвдыдта сæ, бабуц сæ кодта. Мады |хойæ, дам, мады ад цæуы, фæзæгъынц. Ацы æмби- сонд хауы фыды хомæ дæр. Уый йæхиуыл бавзæрста Хуыси- нæ дæр. 0,\ тыхстысты Годзæгайы биионтæ. Йæ лæг исты ба- кусыны охыл афтыди Америкмæ. Фæлæ дзы абоны онг хабар’ дæр нæй. Пуыбыны баззад сывæллон. Цалдæр бонмæ ма би- нонтыл бафтыд иу — Годзæгайы чызг, схуыдтой йæ Дуся^ Годзæга йæ !фæлм-æст удæй арт цагъта æртæ æнахъом сабийьг схъомыл кæныны охыл. Зæрдиаг æххуыс ын кодта йæ лæджы кæстæр æфсымæр, ног цардыл тохгæнæг, революционер Сæл- биты Ботас. \ Годзæгайы бацыд ныфс. Æмæ Ботасимæ архайдта сы- вæллæтты цардмæ, адæмы рæнхъмæ ракæныныл. Хуысинæ æмæ йæ хойæн Годзæга æмæ Ботас систы сæ дыккаг мад æмæ фыд. Тæйбет йæхи фæстаедæр дзæгъæлы нæ ныффыста, чи йæ схъомыл кодта’* уыдоныл — Сæлбиты мыггагыл. Рæстæг уæз- заугай тылди гуыргъахъхъ фæндагыл. Хуысинæйы лæмæгъ къабæзтæ фæф’цдардæр сты, туг сæ схъазыд. Хуысинæ ба^цыд Елхоты авдазон скъоламæ. Фæлæ йæ фыц- цаг къахдзæфтæ нæ фæрæстмæ сты. Цард зын уыд. Æвзонг лæппу уыцы иу рæстæг ахуыр дæр кодта æмæ кусгæ дæр. Арæх-иу иыууагъта скъола. Хызта бæхтæ, хæринаг ласта бы- дырмæ, хъæдæй та — суг. Цардызилдух æй фæхаста Ростов- мæ. Уырдыгæй афтыди Сахалинмæ. Куыста типографийы дам- 1ъæтæ æмбырдгæнæгæй, уый фæстæ та газет «Советский Саха^ лин»-ы уацхæссæг-æй. "> V Чи цас фены, уый бæрц зоны, афтæ зæгъы адæмон æмби- сонд. Айдарты Хуысинæ дзæвгар ахатти .хæтæпты, дзæвгар ауади цæуæнты. Æмæ бирæ ног цыдæртæгфедта, бнрæ^ог хъуыддæгтæ базыдта. Фæлæ йæ фæсонæрхæджы дæр никуьг уыд, искуы æндон базыртыл уæлдæфы разил-базйл кæндзæн, уый. Адæймаджы зæрдæргъæвддзинад æмæ курдиат рабæрæг 40
вæййынц канд æрыгонæй нæ, ф.æлæ йыл дзæвгаразтæ куы ра- цæуы, уæд дæр. , Сахалинæи Хуысинæ æрбаздæхт Мæскуымæ. Партииы Бауманы райком æй арвыста авиацион скъоламæ. Хорз бæрæг- гæиæнтимæ йæ фæци каст æмæ йын радтой лейтенанты чин, сси тæхæг-куынæггæнæг. Арвыстой йæ Мæскуыйы æфсæддон округмæ. •: ...Мæскуыйæ фæндзай километры æддæдæр аэродром иыс- сабыр. Тæхджытæ адджын фынты аныгъуылдысты. Сæрдыгон хур æрбакаст. 1941 аз. 22-æм июнь. Райсомы фондз сахаты.; Хæстон фæдис! Тæхджытæ сæ хуыссæнуæттæй рагæппытæ лас-- той сæгуыттау, тагъд акодтой сæ дзаумæттæ æмæ сæ хæдтæх- джыты сæхи систой уæлдæфмæ. Фыдыбæстæйон хæсты райдайæны фыццаг сахатæй йæ фæудмæ — 1945 азыфарастæм маймæ — Хуысинæ æхсарджы- нæй тох кодта хæцæг æфсады — алы полчъыты, дивизиты, æф- сæдты æмæ фронтты. Хъахъхъæдта Мæскуыйы сыгъдæг арв, нæ бæстæйы ирд арв. Цал хатты бацыд уæлдæфон мæлæтдзаг хæстыты .Хуысинæ! Фæлæ иунæг хатт дæр йæ зоныгыл т ’рлæууыд фыдгулы раз. Хæст æрбаввахс Мæскуымæ. Горæт Истрæйы бæгъатыр инæлар Панфиловы æфсæддонты ныхмæ сыстадысты æвир- хъау знæгтæ. Немыцаг 29 бомбæппарæг «Ю-87» хæдтæхæджы, 36 «МЕ-109» сæ хъахъхъæдтой, афтæмæй бомбæтæ æппæрстой Панфиловы æфсæддонтыл. Уæд Хуысинæитæ аст тæхæг-куы- чæггæнæгæй бардзырд райстой панфиловонты фыдохы азарæй .бахизыны тыххæй. Стахтысты немыцаг 65 хæдтæхæджы иыхмæ аст советон цæргæсы. Горæт Истрæйы сæрмæ стынги хæст. Не ’нцадысты пулеметтьг къæр-къæр æмæ сармадзанты богътæ. Арвыл цьша1 къæвдайы мигътæ схæлбурцъ кодтой, уыйау нал зынди фæз- дæгæй. Немыцаг хъæрццыгъа, йæ фæдыл сау бæзджын фæз- дæг уадзгæйæ, сæрбихъуырæйттæгæнгæ, фæуырдыг. Ноджы дыккаг, æртыккаг, цыппæрæм... Æгаддзинад йæ сæрмæ не ’рхаста ирон лæппу дæр. Дæ; фыццаг къахдзæф тохы куыд тыхджын æмæ æнтыстджын уа,. кæронмæ дæр дын афтæ уыдзæн. Ахæм ныхас баззад тæхджы- ты ’хсæн. Æмæ уый раст у. Уый разæнгард кодта Хуысинæйы. Йæ фыццаг’ къахдзæф фæрæстмæ." Йæ разæй скодта немьшаг бомбæппарæджы. — Æз кæнæ ды, — мæстæй æхсысти Айдары фырт. — Нæ* иуæн, æлгъаг тыхгæнæг, æнæ фæхудинаг уæвæн нæй. Ды хъуа- мæ басудзай, ды!^, • >-< 'Æмæ йæ хæдтæхæг знаджы’ ’æндон хъæрццыгъайы ком- коммæ сарæзта, æваст суагъта.нæмгуытæ. Немыцаг хæдтæхæ- Джы мотор ныггуыпп ласта... Нæ, Хуысинæйы хæдтæхæг дæр æвыдæн нæ баззад. Ай- 41
дары фырт аэродромы куы -рбадт, уæдæм уайтагъдйе мбæлт- тæ æрбазгъордтой. Хуысииæ дæр, стæй иннæ тæхджытæ дæр, хæдтæхæг уынгæйæ, фæкуыддæр сты. Банымадтой йыл... 84 «цæфы».< / • ’ • —. Æвæццæгæн, дыккаг ’хатт райгуырдтæ уæлдæфы, — Хуысинæйы уæхскыл йæ къух ■" æрæвæргæйæ, загъта коман- дир. — Уæллæгъи, амондджын ирвæзт фæкодтай. Бузныг дæ уæлахиздзинадæй! ’ — Ницы кæны, мæ хæлар, — хæдтæхæджы базырыл йæ арм æрсæрфгæйæ, загъта Айдары фырт. •— Ды мæн бахъахъхъæд- тай знаджы судзгæ нæмыгæй. Æз чысыл цъæррæмыхст дæр кæ фæдæн. Дæуæн та дæ «цæфтæ» сдзæбæх кæндзыстæм. Уыцы тохы фæстæмæ лидзæг фесты знаджы хæдтæхджытæ. Махонтыл кæд зиантæ • æрцыд (дыууæ хæдтæхæджы сæ ба- еыгъд), уæддæр фенцондæр кодтой панфиловонты уавæр. Айдарты Хуысинæйы хъæбатырдзинад бæрæггонд æрцыд аккаг хуызы — радтой йын Сырх Тырысайы орден. Фæлæ уый ордентæ райсыны .æмæ кады сæраппонд йæ туг нæ калд- та. Уый, адзалæй нæ тæрсгæйæ, хæцыд нæ бæстæйы цыфыд- дæр знæгты фæсурыныл, уæлахизы сæраппонд. 1942 азы зымæджы Хуысинæитæн — æдæппæт æхсæз хæдтæхæгæн — бахæс кодтой фæстæмæлидзæг немыцæгты егъау къорд ныддæрæн кæнын. Æмæ «• хæстон бардзырд æх- хæстгонд æрцыд æитыстджынæй. Сæ хæдтæхджытыл æрца- уыгътой бомбæтæ, æрæппæрстой сæ тыхгæнджытыл. Ныппырх кодтой знаджы дæс машинæйы æд хæцæнгæрзтæ, ныццагътой бирæ фашистты. Æмæ цалхæстон атахты акодта Айдары фырт! Уый фыд- гулты ных саста Воронежы, Орелы, Курскы, Варшавæйы, цы- быр дзырдæй, Мæскуыйæ Берлинмæ фæндагыл цы горæттæ уыди, уыдоны сæрмæ æмæ" зæххыл. Алы салдатæн дæр йæ хæстон бонтæй иу у уæлдай зы- наргъдæр æмæ мысинагдæр. Хуысинæйæн ахазм бон у, горæт Орелы сæрмæ цы бон хæцыд, уый. Уæд уæлдæфы басыгъта цыппар немыцаг бомбæппарæджы. Æмæ йæ риуыл сæрттывта нæ бæстæйы кадджындшр хæрзиуæг — Ленины орден. » — Хæсты алцы дæр вæййы, — фæдзуры Хуысинæ. Æртæ цæфы фæци Айдары фырт. Варшавæйы сæрмæ йын немыцаг сармадзаны нæмыг ахафта йæ риуы царм. Йæ амондæн нæ- мыг нæ фехæлд. Фæлæ йын йæ риуыл фыды мур нал фæуагъ- та, бахауд госпиталмæ æмæ йын базылдысты. йæ цæфмæ. Уæд- дæр ьш егъау хъæдгомæй баззад. Госпнталы" хуысгæйæ Дæр ТСуысинæ æдзух хæсты кой кодта. Фæндыд ^æй, тагъддæр^уы сдзæбæх уыдаид, уæд та йе’ ’мбæлттимæ, знаджы сургæ;|тах- таид дарддæр Берлинмæ. Гъе, æрмæст ын^ацы хатт’хæстмæ * ногæй ацæуынмæ ныфс нæ бавæрдтой (цохтыртæ. Загътой йын: 41
Ирыстонмæ ацу æмæ дæ фæллад суадз, де ’нæниздзи- пад Дæр фæфидардæр уа. Куы ма бахъæуай, уæд та дæ ба- цагурдзыстæм. Хуысинæ н,æ бакаст сæ коммæ, ныфсджынæй сын загъта: Мæ фæллад суадзынæн æмæ ме ’нæниздзинад сфидар к-æмынæн мын тæккæ хуыздæр хос у знæгты пырх кæнын, ме ’фоæддон æмбæлттимæ уæвып. ...Берлин. Фашистты æнуд комулæфтæй ма фæстаг зыд \лæфг кодта. Йæ сæрмæ февзæрди Хуысинæ дæр йæ коммæгæс Лолат нæргæсыл. Тагъддæр, уæлахиз, тагъддæр! — уыди хæ- цæг æфсады бæллиц. Æмæ йæм уæлдæфы судзгæ арты æмæ туджы уылæнты фæцыдысты нæ бæгъатыр æфсæддоитæ, се- мæ — Хуысинæ дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Айдары фырт æрмæст немы- паг бомбæппарæг х-æдтæхджытæй æрæппæрста фараст. Йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йын лæвæрд æрцыд æхсæрдæс хæр- зпуæджы. Уыдонимæ — Ленииы орден, Сырх Тырысайы дыу- уæ ордены, Сырх Стъалыйы дыууæ ордены, Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны орден, Алексаидр Невскийы орден... * * * Хæст раджы банцад, раджы иыхъхъус сты сармадзанты а>вирхъау зæрдæсæттæн богътæ, бомбæты уæззау рæмыгъдты- гæ, пулеметты æмæ автоматты къæр-къæр... Фæлæ никуы бай- гас уыдзысты, фашисттæ адæмы зæрдæты цы риссаг хъæд- гæмттæ ныууагътой, уыдон. Хæсты рыг æмæ бырыицъаг фæн- дæгтæ никуы ферох кæндзысты нæ дзыллæтæ, уæлдайдæр та еыл кæронмæ намысы æмæ уæлахизы тырыса чи фæхаста, уы- ды бæгъатыр салдæттæ. Æмæ’алы аз дæр Уæлахизы бон — 9-æм майы дзæгъæлы не ’рымбырд вæййынц Айдарты Хуысинæ æмæ йе ’фсæддон ;*шбæлттæ нæ бæстæйы алы кæрæттæй Мæскуыйы Максим Горькийы цырты раз. Уыдон æрымысынц сæ хæстон зынгхуыст хæлæртты, нæ бæстæйы æмæ нæ адæмы маст фыдгултæй æна- уæрдонæй куыд истой, уыцы цаутæ. Фæныхас кæныиц, фæфæр- сынц сæ кæрæдзийы сæ куыстæй, сæ цардæй. Зын азты, фыдæбонты цы хæлардзинад райгуыры, уымæн ;енусмæ .нæй фесæфæн. Ахæм хæлардзинад райгуырд Хуыси- иæ æмæ йæ хæстон æмбæлтты ’хсæн дæр. Иу мады хъæбул- 1 ау сæ кæрæдзи æхсызгонæн æрымысынц прон булкъон Айдарты Хуысинæ, уырыссæгтæ запасы дæлбулкъон Аркадий Окунев, майорта? Борис Якушев æмæ Виктор Жулин, казахаг капитан Рашид Бекетов, Йелоруссаг, Советон Цæдисы Хъайтар Семен Кожич, чувашаг майор Хасан Сахалов... Адæймаг йе ’мбæлт- тæй нуы хъулоидæр уарзт кæны. Хуысинæйæн ахæм æмбал у Дæлбулкъон Александр Дураков. Уый иунæг хæсты æрæппæрс- та зпаджы æртæ хæдтæхæджы. 4Я
Канд Максим Горькийы цырты раз« не ’рымбырд вæй- йынц Хуысинæйы хæстон æмбæлттæ., Уыдон арæх ацæуынц кæрæдзи хæдзæрттæм уазæгуаты, сæ кæрæдзимæ фыссынц писмотæ,- сæ • кæрæдзимæ бæрæгбонты фервитынц арфæйы ныхæстæ. • Ныртæккæ булкъои Айдарты Хуысинæ кæд запасы ис, уæддæр йæ хъус тынг дары æфсæддон хъуыддæгтæм. Уый арæх бакæсы æфсæддон-патриотон темæтыл лекцитæ горæт Орджоникидзейы фæллойгæнджытæи, фæсивæды ’хсæн кæны хъомыладон куыст, æрыгон фæлтæры зæрдæты гуырын кæны Райгуырæн бæстæмæ æхсидгæ уарзондзинад. Гъе, ахæм’у, булкъон Айдарты Сулейманы фырт Хуысп- пæйы цард æмæ тохы фæндаг. Адæймаг кæмæ бахæлæг кæнаг ахæм -фæндаг. * — ^ 4
Лазарты X., Салалты А. ХЪÆБАТЫР ХÆСТОН алдзыгон хур райсом Сафиат цæхæрадоны æфсæи ^аламæрзæнæй фæлмæн кодта дæргъæй-дæргъмæ хъæдындзы хуым. Сыхæгты кæрты бæрзонд кæрдойы сæр къуыззиттæй за- рыд сауцъиу. Сафиатæн æхсызгон уыд уыцы зардмæ хъусын. Йæ зæрдыл ын æрлæууын кодта йæ цæхæрцæст, йæ сахъгуырд лæппу Зураппы. Уый-иу алы уалдзæг дæр къалати сæхи бæла- ш цонгыл бæрзонд ран бакодта, иу та-иу скъоламæ ахаста. Сауцъиутæ-иу сæм куы æртахтысты, уæд-иу лæппуйы цинæн тсæрон нал уыд... «Иыр мын’ кæм ис фæззæгæй нырмæ, йæ фæхъхъау æрба- уон?» —дзуры’йæхинымæр Сафиат. ’Уыцы рæстæг йæ уарзон хъæбул Зураппæн та Мæскуыйæ Смоленскы æхсæн фæндагыл поезды, уæллаг тæрхаегыл уæлгоммæ хуысгæйæ, йæ цæстытыл уадысты йзе мад,$йæ хотæ, йæ хæлæрттæ, йæ хъустыл айзæлæ- гау кодта Тёрчы сЬр-сæр... «Загътон, Финляндины хæсты фæстæ иу дæс боны æм- 45
гъуыдмæ уæддæр суайдзынæн нæхимæ, Елхотмæ, мæ мад, ма- фыды къонамæ. Мæв та поезд фæстæмæ хурныгуылæнырдæм ласы, Белоруссимæ, — хъуыды кодта æрыгон командир Алæты Абадийы фырт Зурапп. — Уæвгæ, мæ взводы хæстонтæй дæр мæнæй уæлдай сæхимæ куы ничима уыд». Æмæ Зураппы зæр- дыл æрбалæууыд, фарон ноябры Минскæй хæст ракъахæг фин- пты ныхмæ хæцынмæ куыд ацыд, уый. Уæд фæндагæй сæхимæ ныффыста, цæуæм хæстон ахуыртæм, æрæгмæ уæм куы фыс- сон, уæд-иу мæм уæ зæрдæ ма æхсайæд, з.æгъгæ. «Æтт, мæ хæсгæ мæрдтæ! — зæгъгæ, æваст фестад Зу- рапп. — Хæст дæр куы фæци, уæддæр æз писмо куы нæ ма ныф- фыстоп мæ тæнзæрдæ мад æмæ хотæм, уæд цæй дæрзæгзонд сдæн!» Февнæлдта йæ планшетмæ, систа’ дзьг гæххæтт æмæ къарандас, дæлгоммæ фæфæлдæхт æмæ писмо фыссыныл фæ- ци. «Смоленскы станцæйы йæ посты лагъзы ныппардзынæн,— фысгæ-фыссын ахъуыды кодта лейтенант. Цытæ сæм ныффыс- са, ууыл хъуыды кæнгæйæ цæстытыл ауад Финляндийы карз, фæлæ рæсугьд æрдз: бæрзонд нæзы хъæдтæ, цъымаратæ, цад- тæ... Мæнæ æвæд хъæдты урс пæлæзты йæ взводимæ хъуызгæ цæуы размæ знаджы тыхтæ сгарæг. — Сдæттут, сдæттут, — ауад йæ хъустыл гакгуччы уаст æмæ къухæй ацамыдта йе ’фсæддонтæн æрныгъуылут зазы къудзиты бын, зæгъгæ, Сгарджыты взводы командир хорз зыд- та, уыцы финнаг «гакгуччытæ» цы сты, уый. Ахæм æрæгвæз- зæг ма уыцы цæгатаг хъæдты æцæг гакгукк уа, уый æгæр зын бауырнæн хъуыддаг уыд. Зурапп йе взводæй дыууæ хæстонмæ фæдзырдта æмæ гак- гукк агурæг ацыдысты. Иннæтæн бафæдзæхста, уæхи къæрц- хъус дарут, зæгъгæ. Зæххыл, бырæгау, цæуынц сгарджытæ кæрæдзимæ дæрд- дзæф. Иуафон салдæттæй иуы хъусыл ауад æнуд æхснырсты хуызæн. Сгарджытæ ахъуызыдысты уыцырдæм. Хæрз хæстæ1;æй æваст фæцыд топпы гæрах. Нæмыджы æхсидт ацахста комаи- диры хъус. , - — Уæлæ ис! — фæхъæр.. кодта йе ’мбæлттæй иу æмæ йа* сгæрах кодта командиры æвастæй. Знагæн раздæр йæ хæцæн- 1арз æрхауд бæласæй, стæй йæхæдæг дæр æрбырæгау кодта. Г.æ сæр фæбынмæ, афтæмæй. Къалиутæй куы фæдæле, уæд щ> тъæпп зæххыл фæцыд. Зурапп æм базгъордта, кæд ма æгас у, зæгъгæ, фæлæ финнаг снайперæн йæ бæрзæй асаст, сæрбынмэе- йæ куы æрхауд, уæд, æмæ дзурын дæр ницыуал сфæрæзта. Йæ .хæцæнгарз, йæ документтæ. ЙЫН: систой æмæ дарддæр цом куыд загътой, афтæ Зурапп йæ худ, систа, ныхы хид асæрфон, зæН- гæ. Кæсы, йæ худы хъус — саджил лыг. ^. ^ ’ — Мæиæмын дæ амæттаджы нæмыг м^худæн цы акуыс- ^а! — мидбылты худгæйæ йæ худ бадардта, финнаджы бæласæн чи æрæппæрста, уымæ. ... 46
— Сантиметры æрдæгыл ма баззад дæ уд, — бахудтысты дыууæ хæстоны. Елхотаг лæппуйы цæстытыл,- ауадысты, финнаг митджьп* лъæдты-иу хъæдын къахдзоныгътыл сæ урс пæлæзты развед- кæйы куыд цыдысты, цалдæр хатты йæ уд æрдуйыл куыд лæу- уыд, иуахæмы сæ быиы цады , тæнæг их куыд ныттыдта, хат гай-иу фыр фæлладæй нæ сармадзанты тыхджын нæрдмæ æн- цад куыд фынæй кодта.. «Цæй, уыдæттæ ныр ивгъуыд хабæрттæ сты», — фескъуыд- та пæ мысинæгты хал æмæ дарддæр фыста йæ фыстæг... •я # * Ацайдагъ сты æфсæддонты сабыр царды бонтæ. Финлянди ма-иу зæрдыл æрлæууйд зæронд фынау. Уалдзæг. Уæлдæф узæлы хуымгæнæг тракторты уынæрæй. Сауцъиутæ æмæ цъиахтæ æдæрсгæ зилынц гутæтты фæстæ пог хуымгæндты, уидзынц зулчъытæ, уаллæттæ. Зурапп не ’фсæддонтимæ Минскмæ аздæхти уалдзыгон маневрæтæй. Са) фæллад уадзынмæ æрфистæг сты иу белоруссаг хъæ- уы раз. Дарда^й сæм хъуысти тракторы уынæр. Зурапп æм ьыхъхъуыста. Йæ зæрдыл та æрлæууыд Елхот, йæ колхоз. «Афопмæ хуымгонд фæвæййынц», — загъта хинымæр. — «Ех, пыр уым фест!» Æвзыгъд лæппу бирæ уарзта колхозы куыст. 1930 азы уый каст куы фæци Елхоты æнæххæст астæуккаг скъола, уæд 15—16 «аздзыд лæппуйы равзæрстой быдыркуыст- п«нæг бригады бригадирæй æмæ фæкуыста 1933 азы сæрдмæ. Æнудæс азы дæр ыл æххæст нæма сæххæст, афтæ 1933 азы сси колхозы сæрдар. Йæ удæй цыди колхозы куыст нывыл сæвæ- г>ыиы тыххæй. Уый фæстæ ма иу аз фæкуыста Кировы районы бастдзинады къанторы æмæ йæ уырдыгæй’ 1936 азы майы акод- той Советон Æфсадмæ. Æфсады дæр та йæхи равдыста зæрдæргъæвд хæстонæн. Кæстæр комаидирты скъола каст фæуыны фæстæ бацыд хæстон-фистæгæфсæддон училищемæ æмæ йæ каст фæци 1939 азы сентябры. Уымæй дыууæ мæйы дæр нæма рацыд, аф- тæ финнтёв хæст ракъахтой мах бæстæйæ, æмæ æрыгон хæстон командир æрвыст æрцыд Райгуырæн’ зæхх знагæй бахъахъ- хъæнынмæ. Фæсаходæн^Зурапп йæ иу æмбаяимæ сындæггай араст хъæуырдæм. Кæройнаг хæдзармæ , æввахс кауы раз æрлæууы- лысты. Кæсынц,^æмæ каурæбын цъæх дарынц ног пысыратæ. Иррн лæппу сыл’.’афтæ тынг бацин кодта, æмæ сæм згъорæгау бауад. Цалдæр дзы æртыдта, йæ.дысыл сæ ацагъта æмæ æу- уаэрцъы кæныныл^балæууыд. Ие ’мбал æм дисгæнгæ каст. — Цы кусыс уый? — афарста йæ. 47
— Æууæрцъы кæнын хæрынмæ. Ехх, ныр иу цæххы тæпп! Цъæх доны æртæхтæ армыл куы æрызгъордтой, уæд лæп- тгу йæ дзыхы’баппæрста донджын цъæх къори æмæ йæ адджы- нæн æркъæмс-къæмс кодта. — Уалæ-ма кæс! — æваст æм фæдзырдта йе ’мбал. Зурапп фæкаст æмæ ауыдта: дыууæ кæсагласы сæхи æр- цæйуагътой иу хъæмпынсæр хæдзармæ. — Æвæдза, цы диссаг у: хи къона алкæмæн дæр цы зы- паргъ у, суаиг мæргътæн дæр. Ацы кæсагластæ фарон ардыгæп атахтысты зымæгиуат кæнынтæ, ай-гъай. Æмæ та сæ ахстонма^ æрыздæхтысты... Зураппы æмбал ацы ныхæстæ ахæм хъæлæсыуагæй дзырд- та, æмæ алчи дæр бамбæрстаид, йæ фыды къонайыл сæмбæ- лынмæ тынг кæй бæллы, уый. — Æмбарын дæ, мæ хæлар, бæргæ. Мæхимæ дæр дæу хуы- зæн хъуыдытæ ис. Дыккаг аз æз дæр нæхимæ нæма уыдтæн, фæлæ..- Ацы фашистон пъæззы йæ сындзæрхы пæлæз æгæр дæрдтыл ивазын райдыдта — йе ’мбалы уæхскыл йæ фæтæи арм æруадзгæйæ, загъта Зурапп. — Отпусчы тыххæй мæ хицау- мæ куыддæр æфсæрмы кæнын рапорт бадæттын. Тынг цыди Алæйы фыртмæ йæ мад, йæ фыццаг сывæллоны фенын, фæлæ йын уыцы бæллиц сæххæст кæныны фадат нал фæци: гитлерон Герман, сусæгæй лæбурæг куыдзау, æваст æр- балæбурдта нæ Райгуырæн бæстæм. Сабырцæрæг Минскы сæр- .мæ фæзындысты фашистон æфсæн.хъæрццыгъатæ æмæ йыл æр- калдтой сæ мæлæтхæссæг бомбæтæ. Цъæхахст, фæздæг æмæ фæдисхъæртæ схæццæ сты. Æваст ныббырстæн не ’фсæдтæ аккаг ныхкъуырд радтынмæ нал сарæхстысты æмæ фæстæ- рдæм цыдысты. Знаджы ныхмæ хъазуат хæстыты фæстæрдæм цыди хистæр лейтенант Алæты Зурапп дæр йæ батальонимæ. Зæрдæ фæйнæрдæм тыдта, гитлерон оккупантты размæбырст бауромын сæ бон кæй нæма уыд, уый мæстæй. «Фæлæуут, лæг- сырдтæ, ну ахæмы уыл Наполеоны бон æркæндзæн мах, советон зæххыл! Æмæ уæд фæстæрдæм уæхи хуыккоммæ ноджыдæр тагъддæр лидздзыстут!» — æртхъирæн кодта Зурапп йæхины- мæр. «Мах уынджы дæр уыдзæн бæрæгбон». Ацы базырджыи ныхæстæ йын лæвæрдтой уæлдай ныфс. Знаджы æрдонгтæ æрбаввахс сты Смоленскы зæххытæм. Сырх Æфсады хæйттæ сæхи • æрфидар кодтой горæт Ельняйы раз. Фашистон лæбурджыты ныхмæ ам цы хъазуат хæст ба- цайдагъ, уым гитлерон æфсады æвзаргæ дивизитæй авд къæп- пæджы бахаудысты æмæ карз хæсты пырхгонд æмæ цагъд ;жр- цыдысты. Æмæ уыцы намысы хæстыты архайæг уыдис А\пæ- ты Зурапп дæр. , ;: ,й • Фронты уавæр кодта карзæй-карздæр. Знаг лæбурдта бæс- » тæйы ахъаззагдæр хоры æмæ сæудæджерады районтæм. Иæ рохтæ тыдта Сталинградмæ. *з
Иу раи мах æфсæдты хъуыди допы ипнæ фарсмæ ахнзып. Уыцы хæс фæдзæхст æрцыд Зураппы батальонæн. Фæлæ куыд ч гъдауæй? Знаджы цæстыты раз доныл бахизыны амал нæ \ыд, уæлдапдæр боныгоп. Фæстиатгæнæи та уæвгæ пæ уыд. ]-Емæ уыцы сахат Зураппы зæрдыл æрбалæууыд иу цау йæ æв- онджы боптæй. Цалдæр лæппуйæ атагъайы хъæдбын уыдыс- [Ы’ æхсæрдзуап. Сдойпы сты. Терк та уыди лакъон. Кæсынц, ;смæ иу змейкæйаг лæг бричкæйы дзаг харбызтæ фæласы уæй- мгп Дзæуджыхъæумæ. Ацы хъазахъхъаг кулачы Зураппитæ \орз зыдтой: чъынды, знæт адæймаг. Харбызмондагæй сæ дой- иы иоджы фæтыхджындæр. Фæлæ куыд самал чындæуа иу хар- быз уæддæр? Æмæ уæд Зурапп фæдзырдта йе ’мбæлттæм, цы- дæр сыи адзырдта. Уайсахат сæхи хылгæнæг акодтой. Иу дзы пннæйы «нырриуыгъта» æмæ лидзæг фæци фæпдагыл. Бричкæ- нæ дзæвгар куы аразæй сты, уæд лæппу баййæфта йæ ныццæ- ьæджы. Фæхъæбысæй-хъæбысмæ сты. «Нæмынц» кæрæдзийы. Харбызласæг сæм цымыдисæй кæсы. Уыцы рæстæджы хылгæн- джыты æмбæлттæ та бричкæйы гуыффæйæ фæстæрдыгæй хар- Г/Ызтæ истой. Цалдæр дынджыр харбызы дзы куы фæцъорп кодтой, уæд сæхи Терчы был бæлæсты быимæ байстой. Бричкæ лдард. Лæппутæ сæ дойны суагътой лæхурæг сырх харбызтæй. (1ыр батальопы командирæн уыцы цау пæ цæстытыл ауад æма> :,ына-нæзына йæ мидбылты бахудт. «Ау, мах пыр фашистои цъулберты асайын нæ базондзыстæм?» — загъта хинымæр. Дыууæ салдатимæ ацыд донбылты дæлæмæ, стæй та уæлæмæ. Куы æрбаздæхт, уæд фæдзырдта сапертæм: — Мæнæ ам аразын райдайут æфсоны хид. Æцæгæй та æндæрран снысан кодта доныл бахизæи бынат. Уырдæм хъæугæ дзаума бацæттæ кодтой æмæ .йæ талынджы ацарæзтой. Хъуыддаг рауад, Зурапп куыд æнхъæлдта, афтæ: ^итлеронтæ бомбæтæ æрæппæостой æфсоны хидыл, æхстой йæ чинаметтæй. Уæдмæ Алæйы фырты хæстон цæргæстæ, разæй ^æ хъайтар командир, афтæмæй æхсæвы тары фаллаг фарсмæ бахызтысты. Фæрсырдыгæй æваст бабырстой знагмæ. Гитлерон нталиæгтæ æнæнхъæлæджы цæфæн сæ сæр сæ кой акодтой. Дæ- рæнгонд æрцыд италиæгты альпæйон æхсæг полкъ. Фæмард йа? командир дæр. Уацары ист æрцыд полчъы штаб, санитарон хай. ^ацары сæхи радтой 380 салдат æмæ афицеры; батальоны къухтæм бахаудысты знаджы скъладтæ æд хæцæнæрмæг, æд хæлц, æд дарæс, стæй 24 ног сармадзаньь бирæ минометтæ,.. Дыккаг бон^италиаг лæбурджытæ бабырстой мах æфсæд- донхайы ныхмæ.',54-æм италиагæхсæг полкъ йæ ных сарæзта Зураппы батальонмæ. Фæлæ елхотаг цæхæрцæст командиры хаестон цæргæстæ ,'нав фæтарстысты, сæхицæй дзæвгар фылдæр чи уыд, уыцы итал^æгтæй. Контрбырст сарæ^той æмæ сæ ныд- Дæрæн кодтой. '| Уыцы хъазуат æмæ арæхстджып хæстыты тыххæй батальо- 4* 49
ны æрыгои командир хистæр лейтенант Алæты Зураппæн лæ- вæрд æрцыд Сырх Тырысайы орден. — Сталинград бахизæм знагæй! Райгуырæн бæстæйы уыцы сидт айзæлыд уæлдæфы нæ со- ветон хæстонты сæрмæ. Æмаэ нæ æфсæддон хæйттæ ассæстоп Идылы фидар зиагæй бахъахъхъæнынмæ. 1942 аз. Уазал фæззæг. Мит. Гитлерон Гермапы æфсады æвзаргæ хæйттæ сæхи æрфидар кодтой Сталииграды æмкъул. Иемыцы авиаци иудадзыг бомбæтæ калдта горæтыл. Танктæ лæбурдтой размæ. Тæссаг уавæры бахауд Сталинград. Йæ уынгты æхсæвæй-бонæй не ’нцадысты карз хæстытæ. Алы хæ- дзарыл, алы уæладзыгыл, алы къæсæрыл тохты дæр цагъды кодтой бирæ адæм дыууæрдыгæй дæр. Хутор Ягодныйы раз немыц размæ.нал уагътой мах æф- сæдты. Коммунист (партимæ бацыд хæцæг æфсады) Алæйы фыртæн фæдзæхст æрцыд хуторы бынмæ знаджы хæстои рæхыс барæдувын. Æмæ та хъæбатырты батальон йæ хæс кадимæ сæххæст .кодта: пемыцаг хъахъхъæнджыты цæг рæмыгъд æр- цыд, æмæ уыцы фадыджы не ’фсæдтæн фæндаг фæкъæртт ис размæ абырсынæи. Алæйы фыртæн лæвæрд æрцыд майдан- Хъæбатырдзинады тыххæй. Немыц хæрз дæрæнгонд æрцыдысты Сталинграды. Гитле- рои Германы «æнæбасæтгæ æфсад» уым уæнгсаст æмæ ныфс- саст фæци. Фæлæ ма уæддæр йæ зæрдæ цæуылдæр дардта æмæ кæм арæхст, уым, тард бирæгъау, фæстæмæ лæбурдта. 1943 аз. Октябрь. Хур ма æрхуы тасы йасæй фæстаг хъæ- быстæ кæны Украииæйы лæгъз быдыртæн, йæ сыгъзæрин тын- тæ хъазынц уæрæх Днепры урсбарц уылæнтимæ. Арвыл цы стæм æврæгътæ аззад, уыдон ныссырх сты ахуырст цагъд къуым- билтау. Хуры æрныгуылдимæ уайтагъд ахуыссыд боны рухс дæр. Афтæ, дам, вæййы лæгъзбыдырон бынæтты. Арвы тарцъæх риуыл радыгай судзынц стъалытæ, чи сæ куыд егъаудæр у, аф- тæ. Ныр базмæлыдысты æфсæдтæ рæсугъд Днепры фæйнæфарс. Чи сæ цы ми кæны, уымæн æрмæст уыцы стъалытæ сты æвдй- сæн. Уæвгæ, æнæуи дæр зын бамбарæн нæу, доны фале немыц æхсæвы аууон сæхирдæм лидзыны койыл кæй сты, йæ ацы фарс советон æфсæдтæ та уыдоны æвыдæй дард нæ ауадзыныл кæй хъуыды кæнынц. Уыимæ нæхионтыл къаддæр зиантæ куыд æр- цæуа, афтæмæй. Уый тыххæй та, ай-гъай, фаллаг фарсмæ доныл бахизын хъæуы æхсæвыгон. Чи сæрмагонд тъйуитыл, чи хъуыр- мæ доны ленкгæнгæ, афтæмæй майор Алæты Зураппы прлкъ боныцъæхтæм бахызт Днепры фаллаг фарсмæ, байста знаджьг плацдарм æмæ дзы полкъ сæхи æрфидар крдтой. Немыц\æваст бырсты фæстæ се ’муд *куы æрцыдысты, уæд; ныббырстой Зурап- пы полкъмæ. Бацайдагъ тугкалæн хæст. Иу атакæ иннæйы фæ- дыл. Фæлæ Алæйы фырты фæлтæрд хæстонтæ нæ фæцудыдтой. 50
1иллон калгæ сыгъдысты знаджы танктæ æмæ машинæтæ, -оветон нулеметтæ хæмпæлау карстой знаджы автоматчикты, /краинаг зæхх рæмыгъта сæ къæхты бын. Зураппы полчъы хъæ- Затыр тохыл дис кодтой суанг немыцæгтæ сæхæдæг дæр. Знаг дæрæнгонд æрцыд. Намысджын полчъы хæстонтæй 28 адæймагæн уыцы хъазуат хæсты тыххæй лæвæрд æрцыд Со- ветон Цæдисы Хъæбатыры ном, сæ командирæн та — Сырх Ты- рысайы дыккаг орден. Полкъ дарддæр бырста разма*. Æппæты разæй уый бабырс- га горæт Запорожьемæ. Уый тыххæй сæ схуыдтой «Запорожье- энтæ». Уыцы хæстыты цы хъæбатыр æмæ арæхстдзинад равды- ста, уый тыххæй Зураппæн лæвæрд æрцыд Богдан Хмельниц- кийы 3-аг къæпхæны орден. Фæстæдæр Никополь ссæрибар кæныныл хъазуат хæстыты тыххæй та Алæйы фырты хæстои хæрзиуджытыл бафтыд Фыдыбæстæйы хæсты орден (фыццаг къашхæн). Фашистон лæгсырд йæ тугкалгæ æмæ фæстæмæ фæкъæпп- (|зæкъæппгæнгæ лыгъди ныгуылæнмæ, йæ хуыккоммæ. Хъæбатыр советон æфсæдты размæбырстæн бауромæн нал уыд. Раззæгты æмрæнхъ, знаджы дæрæнгæнгæ, хуссар-хурныгуылæнырдæм то- \ы фæндагыл размæ бырста Алæйы фырты полкъ. Уыдон сæри- Г-лры тырыса хастой уарзон Одессæмæ. Одессæ, Одессæ!.. Цас æфхæрд, цас æмæ цас хъизæмæрттæ бавзæрстай цыфыддæр оккупантты къухы! Мæгуыр одессæйæг- гæ. раздæры цардбæллон, хъæлдзæг æмæ хурæфсæст одессæ- ча*гтæ... Ныр уæм фæцæуы сæрибархæссæг Советон Æфсад. Тагъд фервæздзыстут гитлерон æфсондзæй. Æмæ та Одессæйыл карз тохты раззагдæр рæнхъыты уы- дысты Алæты Зураппы полчъы хъалтахъ хæстонтæ. Горæтмæ дæр раздæр уыдон бабырстой. Хъазуат хæсты байстой Одессæ- пы вагзал, немыцæгтæй асыгъдæг кодтоп хуссайраг æмæ цæга- таг сганцтæ. Уынгты къах авæрæн нал уыд гитлероп æфсæдты мæрдтæй. Бирæ мингай немыцаг æмæ румынаг оккупанттæ ба- псты Сау денджызы доны амæттаг. Одессæ знагæй ссæрибар камшшыл хъæбатыр тохы тыххæй майор Алæты Зураппæн лæ- нæрд æрцыд Суворовы орден (3-аг къæпхæн). Уарзон Райгуырæн бæстæ асыгъдæг ис гитлерон оккупант- тæй. Ныр нæ намысджын Сырх Æфсад Гитлеры тугæхсыст æф- сондзы бынæй ирвæзын кодта сыхаг оккупациои бæстæты — Польшæ, Румини, Венгри, Болгари, Чехословаки æмæ æндæрты, Хæст бацайдагъ Германæн йæхи зæххыл. Фæлæ Алæты Зурапп, Ирыстоны хъæбатыр цæргæс, советон райгуырæн бæстæйы пат- риот, полчъы командир, йæ хæстон цæргæстимæ нал бахæццæ Берлинмæ: Украинæйы фронты уæвгæйæ, уый цыппæрæм хатт фæци уæззау цæф æмæ 1944 азы фæззæджы уæгъдгонд æрцыд ^фсадæй куыд хæсты инвалид. Хъæбатыр хæстон, дæсны командир сыздæхт йæ райгуырæн 51
Ирыстонма?. Иæ риуыл цы бирæ ордентæ æмæ майдантæ уыдис, уыдон дзурæг уыдысты йæ созетон хæстоны удыхъæдыл. Зурапп 1955 азы онг куыста Ирыстоны алы районты цæт- тæгæнæг Министрады æмæ æндæр рæтты. Йæ цæфтæ йæ æгæр 1ыхсын кæнын куы райдыдтой, уæд, дохтыргы амындæй, ацыд Узбекистанмæ æмæ уым куыста Шаргунуголы системæйы алы бынæтты 1956 азæй йæ амæлыны онг (1962 аз). Цы дыууæ лæп- пу æмæ чызг ын баззад, уыдон сæ уаг, сæ архайдæй зонын кæ- нынц, сæ фыды фарн сыгъдæгæй кæй хæсдзысты. Р1æ бинойнаг Зина\ æнæзæрдæхудт кусæг, рохуаты нæ уадзы йе ’фсины, зæ- ронд Сафиаты, барæвдауы йæ, йæ фадат цас амоны, уый бæрц. *
Дзугаты Барис КУЫД УАРЗТОЙ ЦАРД — ымæй сабырдæр, уымæй мадзурадæр нæ къласы аст æмæ ссæдз лæппуйæ иу дæр нæ уыд. Доны былмæ дын нæ акуымдтаид, лæппуйау искæйы цæхæрадонмæ нæ багæпп код- таид, чызгмæ комкоммæ бакæсын никуы бауæндыд, иу спорти- вон ерысмæ дæр хæстæг никуы бацыд. Ахуыр, чингуытæ — йа» иунæг мæт. Æмаз артæнхæлд куыннæ фæуыдаиккам худæгæй, 1940 азы сæрдыгон бонтæй иуы куы фехъуыстам, Гæлуаты Мырзабег æф- сæддон скъоламаэг;Цæуы, зæгъгæ, уæд. Гъе, уый дын, гъе! Никæ- йы уырныдта æнæХъæн скъолайы дæр уыцы хабар. Фæлæ Мыр- забег ацыд горæтмæ æмæ бахауд æфсæддон скъоламæ. Афтæ фæхицæн сты нæ фæндæгтæ Мырзабегимæ. Æмæ та ногæй байу сты 1943 уа^ззау азы Кубаны. Госпиталы фæстæ 53
æз бахаудтæп 56-æм æфсады афицерты резервмæ. Æрбыпат кодтам станицæ Ильскаяйы. Дзыхы ныхæстæй зын зæгъæн у, ме ’мбæстæгтæ Токаты Асæх æмæ Бидеты Исламимæ фембæлд мын куыд æхсызгон уыдис, уып. Дыккаг бон та мæм афицер- тæй иу зонгаз фæкаст. Хæстæгдæр сæм мæхи байстон, бакæс- тытæ кодтон. Нæ, нæ фæрæдыдтæн! Мæ размæ фæцис хистæр лейтенант Гæлуаты Мырзабег. Тобæ, хуыцау, кæд фæцыд афтæ хæрдмæ, йæ къабæзтæ кæд ныннæрстысты? Богалæнгæс, уæй- гуытæарæзт сахъгуырдæп æппыидæр иумæпагæй ницы уыд. кæддæр цы Мырзабеджы зыдтон, уынмæ. Æфсады размæ йæ дугъы згъорга^ дæр никуы федтон æмæ турпикыл йæ къабæзтæ пвазга* дæр. Кæра\дзийыл куыннæ ныттыхстаиккам! Ныхас дæр нæма скодтам, афтæ кæрты иннæ къуымæй райхъуыст кæйдæр цины хъæр: — Лæппу! Æгас дæ, Галуйчик?! Æгас та куыннæ дæ, мæхи цæстæй дæ куы уынын. Мæнæ цы цины хабар фехъусын кæн- дзынæн полкæн!.. Нæ размаэ æрбазгъордта ацæргæ дæлбулкъон, афтæ зæр- диаг хъæбыс ныккодта лæппуйæн, æмæ йæ фæрсчыты хъыс- хъыс ссыд. йæ цæсгом Мырзабеджы риуы амбæхста, æмæ йæ цасдæр рæстæг нал суагъта. Стæй дын кæсын, æмæ Мырзабе- джы хæдоны риуыл баззад цæссыджы хъулæттæ. — Мæ уд дæ фæхъхъау, лæппу! — нал æмæ пал æнцад дæлбулкъон. — Дæ хæрзи^æг дæм æнхъæлмæ куы кæсы.—Мыр- забеджы къухыл фæхæцыд æмæ йæ штабьт хæрзиуджыты ха- йадмæ йæ фæдыл аласта. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ Мырзабег рацыд штабæй. Йæ риуыл тæмæнтæ калдта Сырх Тырысайы ордеп. — Нæ, лæппутæ, сымах æй зоигæ дæр нæ кæиут, куыд сахъ- гуырд у, уый, — дзырдта дарддæр дæлбулкъон. — Зыи ссарæн сты ахæм хъæбатыртæ! ч Лолчы дæм куыд æнхъæлмæ кæсыпц, уый куы зоиис, лæппу! — баздæхт та дæлбулкъом Мырзабегмæ. Цæвиттоп, дæлбулкъон уыдис полчы. комапдир, ардæм та æрбацыд афицертæ аласынмæ. Полчы конмæ Мырзæбег ногæп адугъ кодта штабмæ, цæ- мæй йæ арвитой, раздæр кæм хæцыд, уыцы хаймæ. Уæдмæ нын дæлбулкъон ракодта Мырзабеджы хабæрттæ.^ ...«Æрвгъуыз тæлм»... Æз æй зонын, æмбæлттæ, сымахаэн Сирæты цæстьпыл кæй уайдзысты Крымская изницæйыл æбуалгъ тохта\ «Æрвгъуыз тæлм»-ыл тугкалæи хæстытæ æмæ хъазуат пыббырст. Ам та погæй йæхицæп æнæмæлгæ кад скодга Мидхъуыддæгты Адæмон Комисариаты Орджопикидзены с’къо- лайы бындурыл арæзт дивизи. Дивизи хъазуат хæстыты иуда- ! дзыг ссæста знаджы, фæндаг гæрста иннæ *хæйттæп. Бирæ бонты дæргъы хъазуатæй лæбурдтам уыцы бæрзæнд- 54
лкх\ бирæ хæстонтæ дзы баззадысты æнустæм хуысгæ. Фæла> •чнаг аппарып нæ куымдта. Обаумæ бацæуæны сæвæрдтой бпрæ минæтæ, алы метрмæ дæр дзы арæзт уыдис сармадзан кæнæ миномет, сындзтелæй йæ фидар æрæхгæдтой. Марадз æмæ балæбур! Ноджы ма знаджы хæдтæхджытæ райсомæй изæрмæ зилдух кодтой нæ сæрмæ. Афтæ банхъæлæн уыдис, æмæ знаг йæ хъарутæ иууылдæр ардæм æрбамбырд кодта, размæ абырсын нæ куыннæ бауадза æмæ йæ дендж’ызмæ куын- лаз ныппарæм. Стæй уыдис афтæ банхъæлæн, æмæ нæ разын- дзæн, обау чи басæтта, ахæм тых. Фæлæ ахæм тых разынд. Советон салдаты тых разынд знаджы фидæрттæй фидардæр. Бирæ фæкаст Мырзабег Æиæном обаумæ. Уый уыдис Хъæ- батырты къуыбыры тæккæ раз. Обау къухы куы бафтыдаид, уæд къуыбырæн дæр исты амал кодтаиккой. Æппынфæстаг Мырзабеджы хъуыды сбæлвырд. Æхсæвы Мырзабег йæ ротæ бакодта обауы рæбынмæ. Не- мыцмæ афтæ æнæнхъæлдзæджы ныббырстой æмæ сæ фæстаг ми- нутты онг уæвгæ дæр нæ бафиппайдтой. Хъазуат хæсты фашист- тæ фæлыгъдысты. ■*-- — Нæхи къухы ис обау! — Тæлуайы фырты йедтæмæ та чи уыдаид! — арфæгæнæгау, хъусæй:хъусмæ цыди хабар. О, обау мах бацис. Фæлæ Тæлуайы фырт уæлахиздзауты æхсæн нæ разынд — тæккæ бæрзæндыл фæцæф æмæ йæ алас- той госпиталмæ. Изæрырдæм та немыц æрбаппæрстой фылдæр æфсæдтæ æмæ хæдтæхджытæй, сармадзантæй, минометтæй куы ныккалдтой, уæд махонтæ ныууагътой обау. — Нæ зонын, Гæлуайы фырт куынæ фæцæф уыдаид, уæд- дæр обауыл æрфидар уыдаиккам æви нæ, — дзуры дарддæр полчъы командир, — фæлæ салдæттæ ахæм хъуыдыйыл лæуд сты, цыма Гæлуайы фырт æмæ обау кæрæдзи иттæг хорз æм- бæрстой. Чи зоны, фегæр æй кодтой, фæлæ мæнæи мæ зæрдæ- мæ цæуынц уыцы ныхæстæ. Мырзабег цалынмæ фæстæмæ здæхти, уæдмæ дæлбулкъо- нæн йæ ныхас кæронмæ æрхæццæ. Цыма Гæлуайы фырты уæвгæ дæр нæ бафиппайдта, уыйау балхынцъ кодта полчъы командир йæ ныхас: — Абоны опг дæр нæхи цыдæр азымджып пымайæм Гæлуа- ты лæппуйы раз. Обау фæстæмæ радтам, фæлæ йæ райсын нæ бон нал у. Знаг ныр дæр ма уым ис. Фæлæ нæ аппардзыстæм, байсдзыстæм обау. Мырзабег дæр мидбылты бахудт æмæ йæ сæр банкъуыста, ома, дам, æнæмæн^фæсурдзыстæм знаджы, æмбал дæлбулкъон! ^ Ме ’мгармæ кæсынæй нал æфсæстæн. Фæлæ кæмдæр зæр- дæйы фæскъуымы|сагъæс æнцой нæ уагъта, кæд, мыййаг, фæс- таг хатт фембæлдзыстæм. Гæлуайы фырт зыдта, цæмæ йæм -æнхъæлмæ кастысты, æмæ цы хъуамæ бакæна, уый. 55
Æмæ нæ фæрæдыдтæн. Нæ фембæлдæй цалдæр боны фæс- та* мын фехъусын кодтой Гæлуаты Мырзабеджы фæстаг сгуыхт- дзипады тыххæй. Мырзабеджы ротæ байста обау. Обау мах бацис. Фæлæ Гæлуаты Мырзабег хуысгæ баззад йа* цъуппыл, уым ыл сæмбæлд знаджы нæмыг. Æрмæст ацы хатт цæф на- фæцис, фæлæ æнустæм хуысгæ баззад. ...Кировы районы Комсомольскы хъæуы царднс Гæлуаты зæронд Госæма. Æртæ фырты,- æртæ афицеры схъомыл кодта. Хæстьт фыццаг бонты сæ афæйдараст кодта намысы быдырмæ, æрмæст æм фæстæмæ нал раздæхт йæ -хъæбулты адджындæр, са? кæстæр. Æмæ хъæубæстæй ничи ацыдаид йæ рæзты — æры- гон уа, зæронд — сæрæй йын ныллæг æнæ акувгæ. Зыдтой йын адæм пæ хъæбулы сгуыхт, арфæйаг ын у, йæ фырты риуы стыр æмæ домбай за>рдæ кæй бавафдта, уый тыххæн. '■! * * Махæй æрмæст иунæг хæдзар уæпдæр цардис Ардасенты 'Газе. Иæ хистæр фырт Уырысханимæ æмгæрттæ уыдыстæм, нæ сабибонтæ иумæ арвыстам, иу скъолайы ахуыр кодтам. йæкæс тæр Агуыбечыр уæд бынтон сывæллон уыдис. Сæ фыды рæвдыд нæ базыдтой æфсымæртæ, афтæмæй схъомыл сты. Зынтæй, тыиг зынтæй схъомыл кодта Тазе йæ цоты. Фæлæ уæддæр Уырысхан æмæ Агуыбечыр иннæтæй цауддæрæй нæ разындыс- ты æмæ инназтæн æвзæрдæр иæ ахуыр кодтой. Коммæгæс, æнæ- маст, зæрдæхæлар — афтæмæй сæ зыдтой æгас хъæубæстæ дæр. Стыр хъаруйы хицау уыд Уырысхан. Бамбырд-иу стæм Терчы былгæрон, хъæбысхæст-иу бацайдагъ. Æмæ Уырысханы пыхмæ æрлæууын никæйы бои уыдис. Йæ размæ чп рацыдаид, уымæ-иу æддаг бакастæй æнцонты февнæлдта, хæрдмæ-иу æй систа, стæн-иу æй уæд хъавгæ йе^ уæнтыл æрæвæрдта. Уырыс- ханæй дарддæр ничи фехстаид дур, уæдæ уæззау сисынмæ та йа> пазæй никуы никæй ауагъта. Афтæ æнæмæтæй æрвыстам пе ’взопджы бонтæ. Фæлæ ралæууыд 1941 азы 5 июль. Фæсидтысты мæм æф- садмæ. Вагоны бадгæйæ, бафиппайдтон, нæ хъæуы куыд • бирæ фæсивæд ис, уын. Бирæ та мæм, æвæццæгæн, уЫмæн фæкасты- сты, æмæ сæ афтæ æмбырдæй уæды онг никуы федтон. Уыцы бонты та лæппутæ æмæ чызджытæ, сызæлла^пæ» æмæ зæрæдтæ ’ардæм цыдысты хæстонгæн фæндарзст затъынмæ. Уыдон ’Л’’а алы бон дæр дæсгæйттæй цыдысты. • .-д Вагоиы рудзынгæй кæсын,' фæидараст зæгъынмæ чп *Р^Э- цыд; уыдонмæ. Æвæдза, куыд амондджын уыдысты атæйпæг дзыллæ, куыд æнæмæтæй цардысты! Мæнæ^кæй рухс ца$цма> ,спста знаг йæ къух, мæнæ кæп сæрмгр «зилдух кæны сау хъæрццыгъа! 56
Уырысханимæ фемдзаст стæм, кæрæдзимæ мидбылты бахудтыстæм. Цымæ куыд рауайдзæн, мæ хс^лар, на? хъысмæт. х’ьуыды кодтон Уырысханмæ кæсгæйæ. Абон куыпæ уа, уæддæр райсом ды дæр скæндзынæ салдаты дарæс, хæстон фæндæгтæ 'т1æ фæхондзысты дардмæ. Æгæр æрыгон не стæм, цымæ? Топ- пыхосы фæздæгмæ куы фæхуыдуг уæм мыййаг. Цы хотыхтæ иæм ратдзысты, уыдонæн кад скæнын бауыдзæн нæ бон æви æгадæй æрхаудзысты нæ къухтæй? Уæлахизмæ куына* фдзцæ- рæм, уæд, цымæ, æнæбæрæгæп фесæфдзыстæм, æмæ байрох хыдзыстæм, æви нæ • адæм искæд бонты афæмысдзысты? Уыцы сахат Уырысхан цæуыл хъуыды кодта, уымæн бæл:' вырд ницы зæгъдзынæн, фæлæ мæ уырны, хæлæг мæм кæй кодга, уымæн æмæ мах раздæр цыдыстæм тыхæвзарынмæ. Чи наз бæллыд махæй йæ сабийы бонты фесгуыхынмæ. Æз зыдтон, Уырысхан хъæуы кæй нал бафæстиат уыдзæн, бархийæ фронт- мæ кæй ракурдзæн, уый. Æмæ æцæгдæр афтæ бакодта. Мæ иннæ æмгæрттау, Уырысхан цы бацис, уымæн æз дæр дæргъвæтин рæстæг ницы зыдтон. Стæм хатт-иу Елхотæй цьг ипсмотæ райстон, уыдоны хъусын кодтой, ахæм æмæ ахæм лæп- пугæ та хæсты быдырмæ ацыдысты, зæгъгæ, ныхъхъуысти мæм фыццаг сау хабæрттæ. Уырысханы койгæнæг нæ уыд. Æвæццæгæн, тæккæ æнахуыр, æнæнхъæлæджы фембæлд- тыгæ алкæмæи дæр уыдис хæсты азты. 1944 азы, Севастояоль куы ссæрибар кодтам, уæд иæ дивизийы арвыстой Польшæмæ/ Нæ эшелон дыууæ боны бафæстиат Конотопы станцæйы. Уæдмæ иæ æрбаййæфта дивизийы иннæ эшелон. Тамако дымын пер- роны. Мæ рæзты æрбацыд хистæр сержант танкисты дарæсы. Æмæ уый Уырысхан куы у! Кæс-ма пæм, уынгæ дæр куы ни- кæн уал кæны! — Æмбал хистæр сержант! — барæй йæм дæрзæгхъæлæсæй сдзырдтон.— Æфсæддон службæйы уагæвæрд халыны бар> кæдæй нырмæ ис? Уырысхан фездæхт, къух къæмисæнмæ схаста. — Бахатыр кæн, æмбал лете... — нæ ныхас на> хъуыры (Ьа-бадт. Дзагъырдзастæй мæм ныкомкоммæ, йа? былтæ базыр- зыр кодтой, йæ къух æрхауд. — Ды дæ? Æгас ма дæ, дæлæмæдзыд?! Йæ хъæбысæй ма тыххæй ратыдтом мæхи, мæ фæрсчытæ нууылдæр æнæхъæп сгы, уый мæ нал уырныдта. Куыд рабæрæг, афтæмæй Уырысханы æрмæст цалдæр боны размæ æрбарвыстой мах дивизимæ, хæддзæугæ сармадзаиты дивнзионы тæрæг-механикæй. ’ Зыи æмæ уæ’ззау фæндæгтыл æрбахæццæ мах дивизимæ. Хæсты быдыры табркæ фыццаг бонты йæм æгæр тызмæг цæстæй ракаст хъысмæт. Х’æсты фыццаг бонты йыл æрцыдис, æппæтæп тынгдæр цæмæй т’арст, уый, — уæззау цæфæй бахауд уацары. Æппыифæстаг сдзæбæх. Фæлæ райдыдта фыддæр бæлл^х — 57
немыц æй Новороссийскы бынмæ бафтыдтой хъахъхъæдадон фидæртæ аразыныл. Уырысхан хъуамæ хæцæн бынатмæ авто- машинæйы ластаид арæзтадон æрмæг. Йæ сæфт кæмæй уыиы, уыцы знаджы хъахъхъæнæнтæ йæхи къухæй фидардæр кæна? Æмæ уый Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй рацæуынæй, хионты ныхмæ хæцæнгарз райсынæй уæлдай куы нæ у. Нæ, Уырысхан ахæм æнаккаг ми йæ сæрмæ никуы æрхастаид, афтæ йын нæ бафæдзæхста йæ зæронд мад Тазе, лæгæвзарæн тохмæ йæ куы фæндараст кодта, уæд. Уацары фыццаг бонтæй фæстæмæ Уырысхан иудадзыг хъуыды кодта, цы хуызы алидза, ууыл. Хатгай йæм афтæ каст, цыма ницы фæрæз æрхъуыды кæндзæн, йаь уæнгтæ-иу æрыз- гьæлдысты. Знагмæ баззайынæй фыддæр бæллæх та ма цы уа! Уæд та йæхи амара æви ма цы æрхъуыды чындæуа? Нæ, уый раст нæ уыдзæн, Уырысхан хъуамæ знагæй йæ-маст снса. Мæс- тæй фыхтис Уырысхан, йæ бон æнцад бадын нал уыд. Р1у нзæр хæцæнмæ куы бахæццæ, уæд йæхицæн скарста: цы уа, уый уæд! Машинæйæн йæ хъару цы у, уый бæрц æй стырындз кодта æмæ йæ былæй аппæрста, йæха\дæг нæхионты ’рдæм ралыгъд. йæ зæгъын æнцон у — ралыгъд. Дзурын дæр ыл нæ хъæуы, фронты сæрты ахизын куыд зын у, ууыл, æгасæй кæнæ баззайдзынæ, кæнæ нæ баззайдзынæ. Фæлæ йæ хъуыддаг фæрæстмæ, йæ амонд ыл фæтых, æмæ уыцы æхсæв Уырысхаи æрбахæццæ нæхионтæм. Ардасенты Уырысхан куыд хæцыдис, ууыл та дзурæг у уып, æмæ цыбыр рæстæгмæ райста Сырх Стъалыйы æмæ Кады ньь саны ордентæ. Фистæг æфсæддонтæ сæ зæрдыл хорз бадардтоп 37-æм хæддзæугæ сармадзан. Хæсты тæккæ зындæр сахат-иу фæцис иннæты разæй, комкоммæ æхста знаджы æмæ-иу фæндаг асыгъ- дæг кодта размæбырсæг фистæг æфсæддонтæн. Уыдон иууыл- дæр зыдтой, сармадзан афтæ ныфсджынæй чи скъæры, уый ном. Стыр кад уыдис се ’хсæн Уырысханæн. — Хæйрæг у æмæ хæйрæг де ’рдхорд, æмбал хистæр лейте- нант,— арæх мып дзырдтой хæстонтæ. — Æцæг дзы ~куы нæ хизы нæмыг... Æмæ куыннæ! Нæмыг дæр уайтагъд ссары, йæ сæр æфсна- йыны сагъæсæй чи скатай вæййы, ахæм тæппудты. Фæлæ нæмыг хатыр нæ зоны тæккæ æхсарджындæр хæстонтæн дæр. Æмæ кæд тæипуд мардæй дæр знаджы ’рдæм чъылдымвæлдæхтæи ахауы, уæд хъæбатыр хæстонæн та нæмыг сæмбæлы йæ риуьт гуыдырыл, размæ бырсгæйæ йæ куыдæй баййæфта, афтæмæй/ Уырысхан та знагмæ йæ чъылдым никуы радта. Афтæ йæм каст, цыма иннæты разæй уæвын йæ хæс у. Берли}шæ бацæуæнты рабæрæг æххæстæй дæр Уырысханы удыхъæд.',\ Уæлдай фидардæр лæууыдысты гитлеронтæ, Одеры фале ’цы фидæрттæ æрцарæзтой, уым. Санчъех санчъехы фæдыл цы- •58
дысты не ’фсæдтæ (зазмæ, карз тох-иу бацайдагь алы хъæу, алы горæтыл дæр. Маркендорфмæ бацæуæны нæ полкъæн карз ныхкъуырд падта знаг. Немыц æрфидар кодтой, хъæуы хуссаргæрон цы æфсæквæндаг цыдис, уый. Дыууæ боны тугкалæн хæстыты фæс- тæ, 1945 азы 18 апрелы сæумæрайсомæй нæ полкъ æфсæнвæи- даджы сæрты бæргæ бахызт, фæлæ ноджы фыддæр тох та ам бацайдагъ, бирæ туг ныккалдис Маркендорфмæ бацæуæны. Алы. хæдзарæй, алы рудзынгæй æмæ алы пъадвалæй дæр калди нæмгуыты зæйтæ. Знаг æхста, хæцæнгарзæй йæм цыдæриддæр уыдис, уыдонæй, уыимæ йæм æрæджы цы тæккæ ногдæр арт- судзæнтæ æмæ гранатæхсæнтæ фæзынд, уыдонæй дæр. Фистæг æфсад бахаудтой сæрсæфæн ран, нæмгуытæ сæ скæсын нæ уагътой, цъщис фылдæрæй-фылдæр зиантæ. Æмæ мæкæ æфсæнвæндаджы сæрты æрбагæпп кодта хæд- дзæугæ сармадзан. Иу гæрах, дыккаг, æртыккаг... Нал æхсынц иу хæдзары рудзгуытæй, иннæмæй, сармадзап бахæстæг фыццаг хæдзармæ, йæ фæдыл сыстадысты фистæг æфсæддонтæ дæр. Исдуг ма, æмæ сармадзан æрлæудзæн хæдзары аууон æмæ ардыгæй, æмба?хст бынатæй, æхсдзæн дарддæр. Фæлæ йын нал бантыст уыцы цалдæр метры ацæуын. Комкоммæ й-ыл сæмбæлди таиктæсудзæн гранат, пиллон арт скалдта. Ничи раирвæзт, сармадзаны чи бадт, уыдонæй. Хъæу куы байстам, уæд мын уый фæстæ радзырдтой хабар артиллеристтæ. Сармадзаны чи бадти, уыдон фашард сты. Æгасæй ма баззад æрмæст Уырыс- хан. Фæлæ уый дæр уæззау цæфтæй аластой госпитæлмæ. «Тазе, мыййаг, Уырысхаиæй æрæгмæ хабар куынæ уа, уæд æм-иу дæ зæрдæ ма ’хсайæд, цæугæ-цæуын афыстон ме ’рдхор- лы мадмæ. — Фæцæф æмæ госпиталмæ бахауд». Фæлæ дзæгъæ- лы зæрдæтæ æвæрдтон хæстоны зæронд мадæн. Æнхъæл уыд- тæн, Уырысханы домбай буар уæззау цæфтыл фæуæлахиз уы- дзæн. Фæрæдыдтæн. Цы боп фæцæф Уырысхан, уыцы бон амард. л ^. ;;: Æз уын цыбырæй радзырдтон мæ дыууæ æмгары хабæрт- тæ. Фæлæ цал æмæ цал сты, сæ цардуалдзæджы мæ хъæубæс- тæйæ хæсты быдыры чи баззад, уыцы æмгæрттæ! Стыр Елхоты уынгты зилын æмæ кæсыи, мæхинымæр агурын, хæст кæй ба- сыгъта, сау фæд кæм нæ иыууагъта, ахæм хæдзар æмæ дзы нæ арын. Уæртæ Цомараты хæдзар. Ардæм нал æрбаздæхт ме ’мгар, хъæбатыр тæхæг Батырадз. Мæ фарсмæ — Датитæ. Сæ лæппу, сыхы фидауц Барис ссардта хъæбатыры мæлæт хæсты быдыры. Баззадысты Германы хæсты Цомартаты æфсымæртæ. Фæмардысты Доййаты Тамерлан æмæ Еруслан, нал федта йæ 59
лæдзар, йæ хьæубæсты номдзыд рæстдзæф хæстон Адырхаты Мураткæ... Сыгъзæрин ныхæстæ загъдæуыд — æнæном хъæбатыртæ, дам, нæй. Æгасæй чи баззад, уыдонæй хъуамæ макуы ферох уой, сæ цард пывондæн чи ’рхаста, уыцы хæстоитæ. Уæвгæ, æн- дæр хъысмæт дæр нæ равзæрстаиккой сæхицæн, уымæн æмæ ахачи уагыл æмæ зоидыл хъомылгонд уыдысты. Стыр кады æмæ стыр намысы аккаг у, иунæг хатт дæр риуæмбæрцæй джебогъæй хæсты чи бацыд, уый. Бафæрсут-ма уыдонæй кæйфæнды дæр, цымæ йæ зæрдæ æгасæй баззайыныл мисхал дазр дардта? Нæ, хуыцауæй фæдзæхст æмæ нæмыгæй хызт ничи уыдис, фæлæ уæддæр цыдысты размæ, уымæн æма^ æмбæрстой, уыдонæй аразгæ кæй у сæ сывæллæтты, сæ ныййар- джыты, се ’фсымæрты, сæ хоты, сæ Райгуырæн бæстæйы цард æмæ амонд. Стæй ма ноджъщæр уымæн, æмæ сæ зæрдæ дард- той: ацы хæст у зæххы къорийыл фæстаг хæст. Афтæ сæ фæн- дыд, ахæм уыди сæ бæллиц. Уымæ бæллыдысты Гæлуаты Мырзабег æмæ Ардасенты Уырысхан. Куыд бирæ уарзтой цард æмæ дзы куыд ницы федтой’ Дыууæ æмæ ссæдзаздзыдæй фæ- мард Мырзабег, иу æмæ ссæдз азы йедтæмæ нæ цыди Уырысха- ныл. Фæлæ царды æвæдæй нæ баззадысты, нæ ферох сты, чи сæ зыдта, уыдонæй. Сымахæй дæр ма ферох уæнт, æмбæлттæ! Уымæн æмæ уый аккаг сты,дæу æмæ мæн тыххæй радтой, æппæтæй зынаргъдæр хæзна сæм цы уыдис, уый — сæ цард. а!Х
Асспы Реуаз АСАТЫ НИКЪАЛАЙЫ «СЫРХ ТЫРЫСА» ый уыдис 1944 азы майы райдианы Хъырымы. Аса- ты Никъала кæм хæцыдис, уыцы 414-æм Сырхтырысаджын. Анапайы номыл гуырдзиаг æхсæг дивизи архайдта Севастополы . бацæуæнты Сапун-Горайы къуылдымыл. Тох цыдис зæххы алы >ылынджы сæрыл. Бомбæтæй æмæ артиллерийы æхстæй зæхх сыгъдис. Гитлеронтæ, цъулбертау, ныффидар сты зæххы æмæ нал куымдтой. Уыдон хорз æмбæрстой: Севастополь куы рад- той, уæд сын Хъырымы зæххыл æнцойгæнæи нал уыдзæн, Сове- тон Æфсад сæ Сау денджызы ныккалдзæн, уацары - бахаудзы- сты. • Ахæм тугкалæн карз тохты рæстæджы сæр схъил кæныны фадат дæр нæ уыдис, афтæмæй Сапун-Горайы рагъмæ схæрд- гæнæны старшинæ^Асаты Никъала фæцæйцыдис фронты раззаг хахмæ. Хæрхæмбæлд ыл фæцис иу хистæр лейтенант. — Ай æмæ цькдæ? Цæрын дæ нал фæнды? Немыц бомба- тæ калынц, сармадзантæй æхсынц, ды та лæугæйæ баззадтæ! 61
Æрхуысс, æндæра дæ ныртæккæ æхсгæ кæнын! — æмæ йæ фар- сы нагапмæ февнæлдта хистæр лейтенант. Старшинæ, йæ къух- ты цы хæссинæгтæ уыдис, уыдон æрæппæрста æмæ уый дæр йæ пистолетмæ февиæлдта. Хистæр лейтенант æм фестадис. Старшинæйæн йæ уæхсчытæм дæр тыхæй æххæст. Уæйгуытæ конд ирон лæппу-лæг йæ мидбылты мæстæй бахудтис, ахъуыды кодта, зæгъгæ, мæ «айхуызæн дзигло» куыд хъуамæ фæтæрсын кæна. — Æрхуысс дын зæгъын! — Нæ ротæйы хæстонтæ ныр дыккаг бон æххормаг сты, нашгуытæй цух! Æнхъæлмæ мæм кæсынц! — цæхгæр ын фæлыг кодта йæ иыхас Асайы фырт. Хистæр лейтенантæн старшинæ, æвæццæгæн, йæ зæрдæмæ фæцыдис, æрфарста йæ. Афтæ базонгæ сты Асаты Иосеб æмæ Никъала. Кæрæдзийыл сæхи ныццавтой, ныхъхъæбыстæ кодтон. Старшинæ хистæр лейтенанты йе ставд цæнгтæй нылхъывта æмæ йе стджыты къæс-къæс ссыд, цинтæ, хъæбыстæ кодтой, чысыл раздæр кæрæдзимæ пистолеттæй чи ’ртхъирæн кодта, уы- цы дыууæ хæстоны. 1371-æм æхсæг полчы танкæты ныхмæ хо- тыхты ротæйы старшинæ Асаты Пъаулейы фырт Никъала æмæ- полчы сæрмагонд хайады паддзахадон æдасдзинады органты кусæг хистæр лейтенант Асаты Иосебы Фырт Иосеб (Иос- къа). Ацы эпизод æмæ ма ноджы бирæ хæстон цаутæ æрымысыд мæнæн Асаты Никъала. Немæ бадтис йæ хæстон æмбал Дриа- ты Данел æмæ Къоринтайы хъæусоветы сæрдар Натадзе Ге- оргий. Ацы хъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары 1909 азы рай- гуырдис Никъала. — Каст та цы фæдæ? — афарстон мæ фысымы. — Хæдахуыр дæн, уæд ам скъола кæм уыдис... Онгджын, æнæниз лæппу уыдис, æнæзивæг, зæрдæргъæвд, хъæубæстæ йыл сæ цæст æрæвæрдтой. Чысылæй цыдис фыййау. Уадындз-иу сарæзта æмæ дзы уыцы рæсугъд комы, тархъæд- æмбæхст фæхсыты, зæрдæбынæй цагъта. Йæ зарæджы адджын яæлтæ йын кæмттæ йæ дзыхæй истой æмæ фæстæмæ йæхимæ хъуыстысты, цыма йын хъырнгæ кодтой, уыйау. Цуаны цæуын дæр йæ фыдæлтæй рахаста. Никъала тынг уарзта нæ хæхты фидыц, зæринбазыр цæр,-, гæс-иу æврæгъты уæлæуæз йæхи куы систа, стæй-иу уырдыгмæ йæхи куы рауагъта, зилахаргæнгæ, йæ базырты аууон-иу рæгь- ты хуссар фæхстыл, цъæх-цъæхид уы’гæрдэентыл, тарст тæрхъу- сау, куы алыгъдис æмæ-иу Душетырдæм, Арагвийы коммæ,'кæ- нæ Ганисы коммæ фæлгæсæг Ломисы .аргъуаны сæрты ’ куы ^аленк кодта. V \ Бахъомыл, ралæг ис Никъала. 1937 азы ’куыста’Сапершеты хъæусоветы секретарæй, стæй Гдуйы хъæуы колхозы хынцæгæй 62
— суанг 1942 азмæ. Стæй уыцы аз сентябры ацыдис Сырх Æф- садмæ. Уæд Гуры арæзт цыдис 276-æм æхсæг дивизи æмæ йæ арвыстой 871-æм æхсæг полчы танкæты ныхмæ хотыхты (ПТР) ротæмæ уартсæттæг æхсæгæй. Уым Асаты Никъала фæцис иу къуыри, стæй сæ дивизиимæ фронтмæ араст ис 1943 азы 1-æм январы. Мцхетамæ сæ эше- лоиы нылластой æмæ уырдыгæй Æфсæддон-Гуырдзиаг фæнда- гыл карз хъызты фистæгæй Арвыкомыл ныххызтысты Дзæу- ^жыхъæумæ. Афтæ ’нцон хæссæн кæм уыдис ПТР — 23 кг уæзæн хæцæнгарз, фæлæ Никъала йæ тæккæ лæппуйыл уыдис, онгæй гыхджын, æнæниз æмæ йæ Кавказы хæхты сæрты астæумæ арф миты ныххæццæ кодта Тарскæйы хъæумæ. Уым хъахъхъæдады æрлæууыдысты, лæмбынæгæй ахуыр кодтой сæ хотыхты мате- риалон хай, раст æхсын, уымæн æмæ йæ зыдтой, знагыл сын æнæсæмбæлгæ кæй нæ уыд. — Не ’фсæдтæ уыцы дуджы кодтой размæбырсæн тохтæ. Гитлеронтæн бæрзæйсæттæн цæфтæ фæкодтой Сталинграды районы, Кавказы хохрæбынты. Асайы фырт цы ’фсæддон хайы ^ыдис, уый дарддæр ацыдис Элхотмæ. Уыцы ран немыцæгтæ тынг ныхмæ лæууыдысты. Ротæйы командир, кæстæр лейтенант Толубаев, взводы командир Рогава танкæты ныхмæ хотыхтæ æрывæрдтой хæцæн позициты æмæ æнхъæлмæ кастысты немы- цаг танкæтæм. Никъалаимæ иу ротæйы службæ кодтой йе ’мзæххонтæ Дзебысаты Владимир, Бедойты Резо æмæ Дриаты Данел. Никъалайы каис. Фыццаг тохы «ад» базыдтой Элхоты комы. Цалдæр хатты фæстæмæ аппæрстой немыцаг танкæтыраз- мæбырст. Элхоты фале карз тохты йæхи уæлдай хъæбатыр- ’дæрæй равдыста коммунист Бедойты Резо. Немыцаг танкæтæ атакæ кодтой махонты позицитæ. Бедойы фырт дзы рæстдзæ- фæй иуæн йæ калмдзалх аскъуыдта, иннæмæн йе «згъæргуыр» барæдывта æмæ дзыхълæуд фæкодта. Гитлеронтæ фыццаг тан- кы люкæй сгæппытæ кодтой æмæ лидзæг фесты, фæлæ сæ нæ хæстонты рæстдзæф нæмгуытæ баййæфтой. Иннæ танкæтæ уæд- дæр размæ цыдысты, сæ сармадзантæй махонты ’хсгæйæ. — Фидар лæуут, ме ’мкоймаг ирон лæппутæ, иу нæмыг дæр уæгъды ма фæкæнут! — хъæр кодта Бедойы фырт, фæлæ йæхæ- дæг дæр мард фæцис уыцы карз, тугкалæн тохы. Йæ хæстон æмбæлттæ йын йæ туг дывæр-æртывæрæй райстой. Ацы хатт дæр та фашистты размæбырст фæсыкк. Асаты Никъала æрæмæсыд, æппынæдзух æнæмсæр тохты (уæд ма зиаг тыхджын уыдис) куыд бафæлладысты, хатт-иу сын сæ дæлхæйттæ, фыдгултæ фæхицæнтæ кодтой, æрхъулайы дæр-иу бахаудтой’-æмæ-иу хæрдцух дæр баййæфтой. Ахæм уа- вæры бахаудысты ^æфсæнвæндагон станцæ Даргъ-Къохы цур. Иннæ хатт та Кæ^зыны хъæумæ ’ввахс. Асаты Никъала æмæ Дриаты Данел æххормагæй сыдых сты, кæмдæр мæнæуы нæм- гуытæ ссардтой æмæ сæ хæрын райдыдтой. Фæсчъылдымæй со- 63.
ветон фазллойгæнджытæ цух ницæмæй уагътой нæ хъæбатыр хæстопты.. Уæд та, дын, Къахетæй пасылкæ райстой, йæ ми- дæг — дыргътæ. — Бахæрæм сæ? — афарста Асайы фырт. — Нæ, райсоммæ сæ ныууадзæм! — загъта Дриайы фырт. — Цæй, бахæрæм æй! Райсом та нын кæд хуыцау радтид! — аскъуыддзаг кодта Никъала. Элхоты ие ’фсæдтæм ног тыхтæ бафтыдис. Уыцы дуджы Никъалайы сыбыраг лæппу Николай Овдины бæсты баурæд- той ротæйы старшинæйæ. 276-æм æхсæг дивизийы 871-æм æх- сæг полк фронты ’фсæдтимæ геиералон размæбырсты ацыдысты. Знаг тохы быдыры ныууагъта бирæ мæрдт æмæ цæфтæ, хæс- тон техникæ. Махонтæ бахызтысты Кæсæг-Балхъары, Ставропо- лы ,æмæ Кубаны зæххытæм. Иуахæмы Тихорецкæн галиуæрдыгæй не ’фсæддон хай размæ ацыдис. Адагæй схызтысты не ’ртæ бæхуæрдоны, сæ уæлæ хæл- цадон продукттæ, дзаумæттæ æвæрд. Асайы фырт йæ автомат баппæрста фæстаг бæхуæрдоныл. Адагмæ куы ’рбахæццæ, уæд ыл цæйдæр сыбар-сыбур ссыдис. Æнахуыр ныхас æм райхъуыст <гхсæвы тары. — Немыцаг , развæдсгарджытæ! — йæ сæры фæмидæг ис уыцы хъуыды. Æмæ нæ фæрæдыд. — Хенде хох! Дæ къухтæ хæрдмæ сдар! — фæсус хъæлæсæй бакодта сæ иу. «Цæй хох æмæ цæй быдыр!» — хтьæрæй загъта старшинæ æмæ мæнгæй скамандæ кодта: — Пулемет, автомат? æхсут! Йæхæдæг йæ цырыхъхъы хъусмæ- февнæлдта, кард фæ- цортт кодта æмæ дзы фæрæхуыста иу немыцаджы, дыккаджы. Сæ иуæн дзы йæ автомат йæ къухæй срæдывта, йæхæдæг зæх- хыл æрхаудта æмæ сæ комкоммæ æхсын райдыдта. Æвæццæгæн, немыцæгтæн афтæ бафæдзæхстой, зæгъгæ-иу тохыл ма схæцут, сырхыты фæсчъылдыммæ уын бахауыны фадат куы фæуа, уæд. Куыддæр фергъуыйау сты, сæхи æрхъулайы фенхъæлдтой, мæнг æхстытæ ма фæкодтой, фæлæ уæдмæ махонтæ æххуысмæ фæ- зындысты хх-æбатыр старшинæмæ æмæ ма 13 гитлеронæй удæ- гас чи баззад (цæфтæй), уыдон уацары акодтон. Дæс гитлероны дзы Никъала автоматæй амардта. Йæхæдæг дæр фæцæфис*. Иуахæмы та, Кубаны, горæт Крапоткины цур, Никъала^ты полчы фарсмæ лæууыдис æндæр сыхаг артиллерион хай^Сæ сæрмæ ныллæджыты ’рбатахт немыцаг развæдагурæг хæдтæ- хæг. Артиллерийæ йын афтæ ныллæгмæ æхсæн, нæуыдис. Уыцы рæстæджы траншейы бадтис нæ танкæты ныхмæ хотыхты ротæ. Сб.старшинæ ПТР хæцæнгарз траншейы былыл уæлвонг авæрд- та,' нысанмæ систа. Чидæртæйыл хъæрæй ^ныххудтысты, ^рма топпæй хæдтæхæг æрæппарынмæ хъавы. Фæцыдис гæрах,^дык- каг, æртыккаг... Æмæ гитлерон сау сынт, сау фæздæг калгæ, ’фалдæр быдыры ’рхаудта. Батарейы командйр Асаты Никъала- йæн бæлвырдгæнæн гæххæт радта уыцы сгуыхтдзинады тыххæн. 64
Дивизийы хæстонтæ æндæр дзырд иал кодтой: Асайы фырт, дам, топпы нæмыгæй немыцаг хæдтæхæг æрывзылдта. , Иу цасдæр рæстæджы фæстæ хъæбатыр старшинæйы фæтæн риуыл рафи- дыдта фыццаг хæстон хорзæх Хъæбатырдзинады тыххæй май- дан: — Æмæ уыцы хорзæх канд ме мхæстонæн нæ, фæлæ æвæц- иа*гæн, æнæхъæн полчы уыдис фыццаг. Уæд ацы хъуыддагМæ уадиссаг сæ хъус нæ дардтой нæ хистæртæ, карз, тугкалæн тох- ты уый, æвæццæгæн, къаддæр æндæвта, — дарддæр кодта йæ лыхас Дриаты Данел. — Æндæра æрмæст 13 фашистимæ тохы тыххæй Никъалайæн цыма хъайтары ’ном. дæр . æмб&лдис... Æниу мах, знаджнмæ тохгæнгæйæ, ордентæ æмæ майдантыл хъуыды дæр нæ кодтам. Кубаны, станицæ Тимашевская, зæгъгæ, уым уалдзæджы æдзух карз тохты сфæлахсуæвæг 871-æм полчы иу хай бахауд- та немыцæгты ’рхъулайы. Хъæбатыр советон хæстонтæ знаджи- угæ удуæлдай тох кодтой æмæ ратыдтой æрхъулайы цæг. Фæлæ уæддæр нæ хæстонтæй иуæй-иутæ бахаудысты уацары, уыцы лымæцы Дриаты Данел æмæ сæ ПТР хотыхты ротæйы комаи- дир Голубаев дæр. Æмæ сæ.стæй фронты раззаг хаххæй баххæст кæнынмæ куы ракодтой, уæд ст’аршинæ Асаты Никъалайы арвыстой 414- æм гуырдзиаг æхсæг дивизимæ (1942 аз иæ Райгуырæн бæстæ- йæн уыдис уæлдай уæззаудæр аз: Уыцы рæстæджы хъахъхъæ- дады Паддзахадон Комитеты уынаффæмæ гæсгæ арæзт цыдыс- ты националон дивизитæ.. Афтæ . арæзт æрцыдысты 89-æм сомихаг æмæ 416-æм азербайджанаг æхсæг дивизитæ дæр). Стыр нысаниуæг уыдис хъахъхъæдады Адæмон Комис- Сары 1942 азы 28-æм июлы №227 бардзырдæн, кæд карз æмæ иттæг зын сæххæстгæнæн уыдис, уæддæр: «Иу къахдзæф дæр фæстæмæ нæ! Нæ тугæй бахъахъхъæнæм .нæ зæххы алы уылыиг дæр. æруромæм æмæ ныддæрæн кæнæм знаджы! , Æндон днсциплинæ хъуамæ уа æфсады! Æгъатырæй хæцæм паникерты ныхмæ!» Гуырдзиаг фистæг æфсæддон дивизийы хæйттæ — полчытæ æмæ батальонтæ арæзт æрцыдысты Дагъестаны. Уыдон Гроз- нæ æм^е Бакуйы нефтгуырæнтæм бырсæг гитлеронтæй хъахъ- хъæдтой Кавказы хохрæбынтæ. Дивизийы фыццаг командир уыдис булкъой’ Ф. Т. Рыбалченко. Уый:фæстæ раивта ноджы 10 командирæй ’фылдæр. Гитлеронтæ афтæ æнхъæлдтой, зæгъ- гæ, Кавказы совётон фæсчъылдым лæмæгъ уыдзæн, фæлæ фæ- сайды сты, сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты. Гуырдзиагди- визи’дайад райста ^Цæцæн-Мæхъæлы, Цæгат Ирыстоны, Кæ- сæг-Б’алхъары АССР, Ставраполь æмæ Краснодары крайты территоритыл карз ;|гохты æмæ фæцыдис 1100 километры. Уæл- дай карз æмæ уæззаудæр тохтæ кодта Мæздæджы цур, стани- 5* 65
цæ Ищерская, Терчы доныл, Дзæуджыхъæуы бацæуæнтьи Элхоты «кулдуары», Пятигорск, Кнсловодск, Минвод æмæ Ессентукийы, стæй Таманы æрдæгсакъадахы «Æрвгъуыз хах- хыл», Новороссийск æмæ Аиапæйы горæтты сæрыл. 414-æм æхсæг дивизийы, кæй зæгъынæй хъæуы, фылдæр гуырдзиæгтæ уыдис (сæ 70 проценты), фæлæ дзы тох кодта уырыссæгтæ, украинæгтæ, сомихæгтæ, азербайджанæгтæ дæр„ уыцы нымæцы 321 ирон хæстоны. Хъæбатыр æмæ ныфсджынæй <хæцыдысты танкæты ныхмæ хотыхты взводы командир Сулай- ;ты Соломан, ротæйы командиры хæдивæг политикон хайы Джиоты С. И. Цæгат Кавказы тохты хъæбатырæй мард фæцис сапер Джиоты С. Г. Ныфсхастдзинад æмæ лæджыгъæды тых- хæй хицауады хæстон ордентæ æмæ. майдантæй хорзæхджын æрцыдысты Пухаты Никъала, Чысиаты Шалва, Æлборты Ев- ген, Тыбылты Уасил. Кубаны карз тохты быдыры расгуыхты- сты пулеметчикты ротæйы командир, фæскомцæдисон Цоциты Р. Р., Тедеты М. Г., Харебаты П. Р., Кокойты Г. И., Куыдзе- ты И. М. В. Джанджгъава йæ чиныг «414-æм Сырхтырысаджын»,. зæгъгæ, уым фыссы: «...Сержант, къорды хистæр, 21 аздзыд æвзонг лæппу Харебаты Раздены фырт Пълатон æрæппæрста бомбæзгъалæг «Ю-87», пикировкæйы йæхи уырдыгмæ куы рауагъта, уæд». Асаты Иикъала 1943 азы.сæрды’ æрцыдис ацы дивизийы 1371-æм æхсæг полкмæ (йæ командир булкъон К. Манагадзе). Уым дæр уыдис танкæты ныхмæ ротæйы старшинæ. Уæд диви- зийыл командæ кодта , булкъон (фæстæдæр инæлар-майор) Г. Хъурашвили. — Новороссийск 1943 азы сентябры куы систам, уæд го- рæты æнæнхъæлæджы сæмбæлдтæн нæ 18-æм армийы коман- дир инæлар Леселидзейыл. Заргæйæ мæ ’рбаййæфта, мæ уæхск мын æрхоста æмæ мæ афарста: — Цæуыл зарыс, старшинзе? — Цæуылнæ зарон, уæддæр — мæлгæ æмæ мæлгæ! — хъазгæйæ бакодтон æз. — Новороссийск ссæрибар кæныны фæстæ зарын дæр æмбæлы. — Тæрсгæ кæд ницæмæй кæныс? — Тас, дам, мæлæтæн æххуыс нæу, æмбал. инæлар, ахæм æмбисонд ис ирон адæммæ! : — А-а, уæдæ ирон дæ, ме ’мзæххон дæ, нæ? — Бæгуыдæр, æмбал командæгæнæг! — Æмæ уыцы ПТР-имæ та цы архайут? — афарста та Константин Николайы фырт. — Мæнæ йын хæстонтæн йæ материалон. хай амонын,утг-йæ уадултæ фæсырх сты Асайы фыртæн. Асæй^’ныллæг, бæзæрхыг инæлар хæрдмæ скастис бæрзонд, онгджын’. старшинæмæ æмæ бафиппайдта: 66
Ныр ахуыр кæныны рæстæг нал у, ам хæцын хъæуы. хæцын! * ’ — Хæцгæ дæр кæндзыстæм, æмбал команднр!:—йæ къæ- мисæныл йæ рахиз къухы тъæпæн авæргæйæ, ныфсхастæй загъта Асайы фырт æмæ инæлар йæ мидбылтьгбахудт. Иууыл карздæр тохтæ цыдис станицæ ^Крымскаяйы райо- ’пы. Иыхмæлæууæджы хъахъхъæдады сæйраг ’ («Æрвгъуыз хаххы») фпдæрттæ уыдысты 5—6 км æрфæн, йæ раззаг хахх цыдис Куркæ, Кубань æмæ Адагумы рахиз донбылгæрæтты, Крымскаяйæн) хурныгуылæны ’рдæм къуылдымтæ, бæрзæнд» тæ æмсс обаутыл. «Æрвгъуыз - хаххæн» йæ дыууæ^ фланджы базыртæ хæццæ кодтой Азов æмæ Сау дендж’ызы онг. Знаг йæ хъахъхъæдады хорз спайда кодта уыцы бынæтты хъæздыг æр- дзон уавæртæй. Фæлæ уæддæр йæ сæйрагдæр æмæ пууыл ахъаззагдæр æнцойгæнæн гæнахыл иымадта Новороссийск. Уьшы дуджы Цæгат Кавказы фронты, кæнæ та Сау денджызы къордгондæн (командæгæнæг инæлар-булкъоп И. Е. Петров) йæ ныхмæ хæцыдис немыцаг-фашистон æфсæдты 17-æм арми. Уымæн 1943 азы сæрды фæудмæ йæ рæнхъыты уыдис 16 фистæгæфсæддон дивизийы, 4 хицæн полчы æмæ 7 хнцæн къорды, æдæппæт 440 мин хæстоны бæрц.* Кæй зæгъын æй хъæуы, зын уыдис уыцы. æфсады ныхмæ лæууын æмæ йæ ныддæрæн кæнын. Фæлæ Советон Æфсады хæстонтæ æмæ командиртæн сæ къухты бафтыдис сæ хæс ит- тæг хорзæй сæххæст кæнын. 1943 аз уыдис Стыр Фыдыбæстæ- йон хæсты фæсасты аз мах пайдайæн. Гитлерон æфсæдты ныфс сæттын райдыдта. Фæлæ уæддæр знаг йæхи нæ лæвæрдта. — Сентябры фæудмæ ’ввахс нæ рæстæгмæ раззаг хаххæн систой æмæ æрбынат кодтам горæт Приморко-Ахтырскы. Не- мыц нæ бафиппайдтой æмæ ныл 80 хæдтæхæгæй бомбæтæ иы- згъæлстой. Æфсæдтыл уыйбæрц зиан не ’рцыд, фæлæ горæты цæрджытæй цъус нæ фæхъуыдис. Хъуыды ма кæнын, — æры- мысыд Асаты Никъала, — иу чысыл лæппу мæм йæ мады цурæй æрбалыгъдис, мæ фарсмæ зæххыл ахуыссыдис æмæ кæуынхъæлæсæй афтæ бакодта: — Дада, баххуыс мын кæн! — Уый афтæ ’нхъæлдта, иугæр æфсæддонтæ сты, уæд уыдон нæ дæр бомбæйы схънсæй мæ- лынц, нæ дæр сæ нæмыг хизы. Размæ та бырста 414-æм гуырдзиаг æхсæг дивизи. Æмæ йæ раззаг рæнхъыты тохгæнгæ цыдис старшинæ Асайы фырт дæр. Дивизийы арæзт æрцыд раззагон отряд, уыцы нымæцы Никъала кæм службæ кодта, уыцы 1371-æм æхсæг полкæй дæр.^Æрлæууыдис;М943 азы 20-æм сентябрь. Дивизи хъазуат бырсты ацыд. æмæ^знаджы сырдта Анапайы здæхты æвæд, зынцæуæн цъымаратæ æмæ хъамылты. Гитлеронтæ æрхт>улайы : '$ * 1941—1945 азты Советон Цæдисы Стыр Фыдыбæстæйон .хæсты исторн. том 3, 353-æм фарс. 67
бахауынæй тарстысты æмæ Хъырымы æрдæгсакьадахмæ тагъд- дæр бахнзыны охыл денджызы ’рдæм сæхи айстой. 18-æм ар- мпйы æфсæдтæ, 414-æм гуырдзиаг æхсæг дивизи дæр семæ, аф- та;мæй дыккаг бон карз тохы знагæй ссæрибар кодтой станицæ Анапская, стæй та — горæт Анапа. Дивизийæн лæвæрд æрцыд «Анапайы цытджын ном». Асаты Никъалайы йедтæмæ ма уыцы тохты ирон хæстонтæй фесгуыхтысты рæнхъонтæ Теблойты Л. Г. æмæ Сиукъаты Г. В., фæлæ фæстаг дыууæ хъæбатырæй мард фесты тохы быдыры. Иттæг фесгуыхтысты 1372-æм æхсæг полчы 2-аг батальоны хæстонтæ (командир, капитан Тыджыты Шакро). Знагæй ссæрибаргонд советон зæхх минæтæй асыгъ- дæг кæныны тæссаг куысты сæхи уæлдай хуыздæр равдыстой лейтенант Джиголаты Ш. Д. сапертæ. Сентябры фæстаг бонты æмæ октябры райдианы тыхджыи артиллерион бацæттæйы фæстæ скуыстой гвардион минаметтæ «катюшæтæ», 76, 45-миллиметрон сармадзантæ, 122-милли- метрон гаубицæтæ. Не ’фсæдтæ размæ абырстой æмæ фронта- лон æхстæй немыцæгтæн алыг кодтой сæ фæстæмæ алæууæн фæндæгтæ, арæх-иу семæ самадтой джебогъæй тохтæ, арæхст- джын маневрæй асыгъдæг кодтой горæт Тамань æмæ гитле- роптæ таппызары хап фесты, денджызыл Хъырымы ’рдæм тагъд-тагъд хызтысты, бирæтæ дзы нæ авиаци æмæ артилле- рийы массон æхст æмæ бомбæзгъæлдæй доны ныххуыдуг сты. Таманы плацдармыл гитлеронтæн сæ адзалы бон æрцыд. Го- рæт са^рибар кæныны сæрыл тохы лæджыгъæддзинад равды- сгой ирон хъæбатыр хæстонтæ Къацты К. А., Бедойты Ц. X.. Асаты Н. П., Хъазиты С. И., Илаты Г. И. æмæ æндæртæ. 9-æм октябры 22 сахатыл нæ Райгуырæн бæстæйы столи- цæ Мæскуьг зæрдиагæп раарфæ кодта Тамапы æрдæгсакъа- дах ссæрибаргæнджытæн æмæ сыи сæ номыл 224 сармадзаны дыууын артпллерион æмæхстæи салют радта. Советон хицауа- ды хæстон ордентæ æмæ майда,нтæй хорзæхджын æрцыд 414- æм Анапайы гуырдзиаг æхсæг дивизийы 2620 салдат æмæ афи- церы. Уыдон нымæцы — Асаты Н. П., Козаты Д. Г., Тедеты В. Н. ^-мæ æндæртæ. Анапайæгтæ стыр цииимæ сæмбæлдысты се ссæрибаргæнджытыл. Дивизи хорзæхджын æрцыд «Сырх Тырысайы» орденæй. 1943 азы 1-æм ноябры дивизи Анапайы баххæст æрцыд. Æмæ æрлæууыд Тамаиы æрдæгсакъадахы хъахъхъæнынады,, Анапайы цад Соленоейы онг. 20-æм поябры Цæгат Кавказы фронтæй арæзт æрцыд Приморьейы хиц.тн арми инæлар №! Е. Петровы сæргълæудæй. ’ ?*' V. , 414-æм Анапайы æхсæг дивизи бахаудта’ 3-æм хæхходГ>æх- сæг корпусы дæлбармæ æм’æ 28-æм декабрьт райсомæй$Коса Чушк’айæ: Азовы денджызы Керчы донба^лæныл баржæтыл хпзын райдыдта Хъырымы зæхмæ. 1944 азы 4-æм январмæ иу- уылдæ^э ахызтысты Кёрчы плацдарммæ хъæу Бакса æмæ’ посе- 68
аок Опаснаяйы. Асаты Никъалайы 1371-æм . æхсæг полк лæу- \ыдис обау 98,9 æмæ Опаснаяйы цæгатварс, Бойковы номыл металлургион комбйнаты райоры. Ныр гуырдзиаг дивизийь/ хæстонтæн æрцыдис сæ мастисыны сæрмагонд рæстæг. Керчы- зæххыл Кавказы адæмтæ, .уыцы нымæцы гуырдзиаг æмæ ирон адæмы намысджын фырттæ дæр, уæлдай бирæ туг ныккалдтой немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ æнæмсæр тохты. Арæх-иу уыдис афтæ, æмæ нæ хæстонтæй бнрæтæ, æгæры- стæмæй, уæззау цæфæй дæр, нæ акуымдтой тохы быдырæй æмæ хъæбатырæй тох кодтой, сæ маст дывæрæй истой фыд- ызнагæй. 414-æм Сырхтырысаджын Анапайы æхсæг дивизийы 1375 полк 18-æм январы æхсæвы раивта 83-æм денджызон æхсæг бригадæйы 16-æм хицæн батальоны æмæ 19 æмæ 20-æм январы карз тохты полк фæхуыздæр кодта йæ позицитæ. Знаг- ыл стыр зиæнттæ ’рцыдис. Æнæзиан нæ баззадысты махонтæ дæр. Тохы хъæбатырæй мард фесты 1372-æм æхсæг полчы взво- ды командиры хæдивæг хистæр сержант Хуыбиаты Никъала- йы фырт Реуаз æмæ йе ’мбæлттæ иу , цалдæрæйг. /Тохы сæхи хорз равдыстой уыцы полчы артиллерист сержант Кобесты С. К., афицер Чысиаты Арчил. 1367-æм æхсæг полчы фыццаг ро- тæйы (йæ командир хистæр лейтенант Хъуылаты. Георги) æм- бæхст ранæй æхста знаджы пулемет, сыстын нæ уагъта нæ хæстонты. Уæд фæскомцæдисон сержант Верещагин бар ра.-> куырдта Хъуылайы фыртæй, цæмавц йæ гуыбыны цъарыл раз-1 мæ абырыдаид æмæ скуынæг кодтаид знаджы зынгон тæпп.. Хæсхоны фæнд командиры зæрдæмæ фæцьщ æмæ йын бар рад- та. Верещагин фæцæф ис, фæлæ йæ тох’нæ ныууагьта, цалыи- мæ пулемет, скуьщæг кодта, уæдмæ. К’ьаддæр сгуыхтдзинад нæ равдыста не ’ннæ æмзæххон, минаметчик Тедеты С. Хъайтары, мард фæцис рæнхъон артиллерист Мæргъиты Паулейы фырт- Георги.. 17-æм февралы Аджи-Мушкайы хъæуы цур ротæйы хæс^он Сабаты И. Д. хæсты быдыры раивта взводы цæф ко- маидиры æмæ сæххæст кодта дæлхайы хæстон хæс. Уымæй дæс боны раздæр дивизимæ ’рцыдис ног командир — ицæлар-майор Валериан Дзабахцдзе (булкъон Г. Хъура- шв.или фæрынчын). Дивизи бацыд 11-æм гвардион æхсæг кор- пусы скондмæ. Февралы Керчы æрдæгсдкъаддхыл боныгъæд тынг хъыг дардта хæцын. Æрвыл бон къæвда кодта, уарыд мит, трацшейтæ-иу, донæй байдзаг сты, ныллæг-иу ныззæбул сты сау-сауид мигътæ, арæх-иу денджызæй уад сыстад, æхсæв та- иу -зæхх ныйих.»ис. Фæлæ уæддæр нæ хæстонтæ æнувыдæй. хъахъхъæдтой сæ^ позицитæ. — Нæ ’полчы^хæцыдысты фыд æмæ фырт Двалидзетæ, —. задъы Асаты Никъала. —Фыдæн йае фырты фесæфты кой куы. ракодтой, уæд зæр^æдзæфæй загъта: — Хæст. Бойковы заводц. районы Асаты Никъала йе ’ккой 3 ки- лоцетры фæхаста уæззау цæф хæстон Г. . Р. Абазадзейы: 691
«Старшинæ,- ныууадз мæ, ма фыдæбон кæи!» Фæлæ йæ хæстон æмбалы куыд хъуамæ ныууагътаид бахъуыды сахат... Уый фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы цæф хæстон разынд Гаг- лойты: сиахс... Æрлæууыдис 1944 азы уалдзæг. Аджи-Мушкайы трагеди бирæтæн зындгонд у. Уъщы.хъæу ссæрибар кодта гуырдзиаг дивизи. Дурсæттæнты, дæластæрд зæххы бын катакомбæты не- мыцæгтæ газæй фæхуыдуг кодтой сæдæгай советон хæстонты, æнæхæцæг æмбæстæгты: сылгоймæгты, сывæллæтты, сæ рацæ- уæн бынæттæ сын сæхгæдтой, афтæмæй. Уыцы æвирхъау тра- геди сæхи цæстæй федтой. старшинæ Асаты Никъала æмæ йе ’дохæстонтæ, сæ зæрдæты сын ноджы тынгдæр ссыгъта знæг- тæм фыд-зæрдæдзинады арт. Цалдæр хъомысджын размæбыр- сты рæстæджы не ’фсæдтæ ссæрибар кодтой бирæ хъæутæ, кт.орд горæттæ Хъырымы зæххыл (апрелы знагæй асыгъдæг кодтой Керч, Феодосн, Алушта, Алупка, Ялтæ, Судак). Гитле- ронтæ сæ «хуыцауы цæф» базыдтой æмæ фæстæмæ лыгъдысты. Уыдон тарстысты 4-æм Украинаг фронты æфсæдты æрхъулайы бахауынæй. Приморьейы хицæн армийы ’фсæдтæ æхсæз боны дæргъы ацыдысты 250 км, æмæ 16-æм апрелы бахæццæ сты Севастополы цурмæ. Уыцы бон 414-æм æхсæг дивизи рæстæгмæ ист æрцыдис фронты раззаг хаххæй æмæ æрынцадис чСимферополы. Хæстон- тæ. сæхи цæттæ кодтой дарддæры тохтæм, фæлæ сæ исдугмæ æнхъæлмæ .кæсын бахъуыдис. Уый размæйы тохты знаджы хъахъхъæдад атоныны фесгуыхтысты нæ бæстæйы æфсымæрон адæмты намысджын фырттæ (уыдон ’хсæн старшинæ Асаты Никъала, афпцер Музиаты Ильяйы фырт Сергей. Мард фесты Дзапарты Иваны ф’ырт Георги æмæ Хъараты Михалы фырт Ладо). Февралы æмæ марты хъызт бонты старшинæ Асаты Ни- къаламæ полчы командир радта 4 взводы: музыкалон, сани- тарон, саперон æмæ разведкæйы взводтæ — 100 хæстоны бæрц. Карз æхсты бын 1, 2:аг æмæ 3-аг батальонты æмæ минаметон ротæйы рæстæгыл сфæлындзыдта хæцæн æрмæджытæй. Сево- стополмæ цæугæйæ Семиколодецы хъæуы немыцæгтæ ныу- уагътой хæлцадон егъау склад æмæ йын йæ продукттæй рæс- тæгыл. спайда кодта фæрæзджыи старшинæ. Рæстæг йæ цыд кодта. 16-æм апрелы Приморьейы хицæн* арми баконд æрцыд 4-æм Украинаг фронты дæлбармæ. 18-æм; апрелы уыцы арми карз тохты фæстиуæджы ссæрибар кодта горæт Балаклава æмæ бахæццæ Севастополы бацæуæнтаем. Уырдæм 22-æм апрелы рараст ис фистæгæй-гуырдзиаг дивизи дæр Симферополæй, йæ фæндаг скодта горæт БахчисарЙйыл æмæ дыккаг бон райсомы 4 сахатыл уыдис.рынаты. Асаты, Ни- ’къала кæм хæцыд, уыцы 1371-æм æхсæг п$лчы 2-аг батальон Нижний Чоргун æмæ бæрзæнд 253,7 районы раивта 2-аг гвар- 70
диои æхсæг дивизийы 6-æм полк æмæ размæбырсты охыл ба- цахста позицитæ. Уыцы полкæн бахæс æрцыд знаджы зынгон тæппытæ бабæрæг кæнын, раззаг хахх басгарын, немыцæгтæй «æвзаг» ракæнын. Иннæ полчытæ æрбынат кодтой Балаклава- Инкерманæн хурныгуылæны ’рдыгæй сосæ фæндагыл. Размæ абырстой 29-æм апрелы. Фæлæ сын бирæ нæ бантыст — ба- •дахстой уал совхоз «Большёвик» (ныртæккæ «Золотая долина» ка»м ис, уыцы дæлвæз). Фыццаг эшелоны цыдис 137-æм æхсæг полк. Æххуыс ын кодта 1053-æм артиллерион полк æмæ иннæ дыууæ полчы сармадзантæ. Дивизийы хæстонтæ 1-аг майы бæрæгбон арвыстой акъоптæ æмæ траншейты. 5-æм майы сæу- мащъæхæй Сапун-Горайыл ныннæрыд «Хæсты хуыцау». Зна- джы фидæрттыл бомбæтæ нызгъæлстой советон хæдтæхджы- тæ. Иттæг рæстдзæвин æмæ ныфсджынæй куыстой «штурмо- виктæ». Фистæг- æфсадæн æххуыс райдыдта Сау денджызы флот. — Лæгмæ афтæ кастис, цыма зæхх æмæ арв сиу сты æмæ к.тфæдзи хойынц, — æрымысыд Асаты Никъала, — Сыджыт æв- рæгъты онг цæджындз ныллæууыд. Бæстæ, æрвнæрæгау, нæ- рыд æмæ гуыр-гуыр кодта. Немыц æхсæв-бонмæ фыртæсæй уаглдæфы рухсы тымбылæгтæ уагътой æмæ æппынæдзух æх- стой. - Уыцы бон 1371-æм полк йæ хæс сæххæст кодта. 6-æм ма- йы гитлеронтæ æрулæфт, æрынцой нæ зыдтой нæ дæр бон, нæ дæр æхсæв. Фæлæ иууыл стырдæр размæбырст ’уыдис 7-æм майы. Уыцы тохы лæджыгъæд равдыста старшинæ Асаты Ни- къала. Танкæты ныхмæ хотыхты ротæйы командир капитан Мкхаил Дундуа æмæ Асайы фырт хуыссыдысты акъопы. Æх- сæг ротæ размæ бырста. Немыцаг танкæтæ ’рбазындысты. Знаджы танкæтæ чи ’хста, уыцы хæстон мард фæцис. Нæмыг æм чи лæвæрдта, уын фæстæмæ, Асайы фыртмæ рахъæр кодта: — Æмбал старшинæ, ме ’мбал мæлæтдзаг цæф фæцис. Баххуыс мын кæн. Танкæтæ ’рбацæуынц!.. — Дæ сæр уæлæмæ ма сдар! — фæхъæр кодта старши- пæйыл ротæйы командир. — Уый та куыд? Лæг мард фæцис. Немыц нæм æрбацæ- уынц! — æмæ цалдæр гæппæй раззаг траншейы смидæг ис. -Мард хæстоныл иуырдæм ахæцыд. ПТР-мæ февнæлдта. Тан- кæты ’ввахс æрбауагъта. Ныхъхъавыд. Фехста. Фыццаг нæ- мыгэен ныззылдис знаджы танк йæ бынаты. Цалдæр æхстæй фæд-фæдыл æртæ танкы бабын кодта. Уæдмæ сын баххуйс кодта нæ артиллери æмæ знаджы иннæ ганкёетæ фæстæмæЧг; фæзылдысты.. Сæ фæдыл цы гитлеронтæ лыгъдис, уыдонмæ;йæ пистолет фелвæста хъæбатыр старшинæ -æмæ дзы цалдæры^;мæрдтæм барвыста... Йæхицæн дæр йæ гуыбын немыцаг нæмыгæй сдудыдта. Йе ’фсæддон хæдон нæ- ^ыгæй цалдæр раны фæхуынчъытæ ис. 71
— Хъочах, магъало осо! — тох куы фæсабырдæр ис, уæд. ын полчы командир Манагадзе афтæ бакодта, — йаэ цæсты- тæ цины . ’рттывд фæкодтой старшинæйæн. Уыцы сгуыхтдзинады тыххæй Никъалайы командæкæны- над схорзæхджын кодта Сырх Тырысайы орденæй. Хъæ- батыр. ирон лæппуйы лæджыгъæдыл. ныффыстой дивизийы газеты. 7-æм майы Сапун-Горайы советон æфсæдтæ знагæй иу- уылдæр асыгъдæг кодтой. 41.4-æм Анапайы гуырдзиаг æхсæг дивизм фыццаг батыдта знаджы тыхджын фидæрттæ, цалдæр рады сындзтелæмбæндтæ, доттæ æмæ дзоттæ. Уæлахизы сырх тырыса сдардта обауыл. Ныр сæ фæндаг цыдис комкоммæ Севастополмæ. Стыр зиæнттæ ’рцыдис гитлеронтыл, стæй ма-. хонтыл дæр. — Æз уыйбæрц ницы сарæзтон. Сгуыхгæ ме ’мкоймаг лæппу, санитар Цгъойты Серго фæкодта. Йæ цалдæр æмбали- мæ уацары ратæлæт кодта 500 фрицы æмæ уый дæр схорзæх- джын кодтой Сырх Тырысайы орденæй. Фæлæ мæн куы фарс- таиккой, уæд ын æз геройы ном радтаин, сæрыстырæн дзырдта Никъала. Æнувыд æмæ дæсны куыст бакодтой сапертæ горæтмæ ба- цæуæнтæ минæтæй асыгъдæг кæныны хъуыддаджы. 1944 азы 9-æм майы 4-æм Украинаг фронты æфсæдтæ, цæгат-хурыскæсæн æмæ хуссар-хурыскæсæнырдыгæй бырс- гæйæ, штурмæй ссæрибар кодтой Севастополь. Ацы тохты фес- гуыхт старщинæ Асаты Никъала дæр. • Сæйраг хистæркомандæгæнæджы 1944 азы 24-æм майьь бардзырдæй «Севастополы» ном лæвæрд æрцыд 1371-æм æм# 1367-æм æхсæг прлктæн. Уыцы стыр уæлахиздзинад гуырдзиаг дцвизийы командæкæнынад сфæнд кодта сæхирдыгонау истæ- мæй банысан кæнын. Полчыты ’хсæн уагъд æрцыдис ерыста^ гуырдзиаг хъæбысхæстæй. Рабæрæг ис тыхджындæр • богал. Уыцы рæстæджы Асаты Никъала уыдис продукттæ хæссынмæ. Куы ’рбахызт, уæд йæ полчы командир загъта. — «Магъали оси»-йы хъуамæ рахæцын кæнæм нæ бога- лимæ. Никъала фефсæрмы ис, фæлæ йæм инæлар куы ба.хаты- дис, уæд «чемпионмæ» февнæлдта æмæ йæ сынæгæй бомбæ- тæй къахт сыджытыл уæлгоммæ æрæвæрдта. Хæстонтæ нцм- дзæгъд кодтой... Ирон бæгъатырæн уый тыххæй радтой 7 боны улæфт. /;' Уый фæстæ 414-æм Сырхтырысаджын Анапайы гуыр- дзиаг æхсæг дивизи æрбынат. кодта Хъырымы æмæ йæхи§цæт- тæ кодта дарддæры тохтæм. Фæлæ дзы рсæцынмæ ареъютои æрмæстдæр иу артиллерион батарей. Уый’ тохгæнгæ бахæццæ ’ис Чехословакимæ æмæ йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй райста гвардиоиы цытджын ном. 72
* * * Тохвæлтæрд хъæбатыр Асаты Никъала йæ райгуырæн уæ- , зæгмæ æрыздæхтис уæлахизæй 1945 азы сентябры. Куыста Гдуйы хъæуы колхозы сæрдарæй 1952 азы онг. Ныр 13 азы та кусы хъæдгæсæй Сапершетгомы. Р1æ цардæмбал Дриаты Ипнæимæ схъомыл кодтой цыппар лæппуйы — иу дзы иннæ- маой - хæрзконддæр, хæрзæгъдаудæр, сæрæндæр. Сепцæт дæр ахуыр кæнынц Цæгат Ирыстоны паддзахадон унпверситеты (сæ хистæр, Сардо, ныр цалдæр азы у универснтеты фæском- цæд!1сы комитеты секретарь). — Мæ уд сæ фæхъхъау мæ цæргæстæн, мæ ныфсы мæс- гуытæн! — сæрыстырæй фæдзуры Асаты Никъала. *
Плиты Илья РАЗЗАГ РÆНХЪЫТЫ КÆДДÆРИДДÆР ыдыбæстæйон хæсты агъоммæ дæр активон кусæ- гыл нымад уыдис Æлборты Раман. Бирæ бæрнон бынæтты куыста. 1932 азы Цхинвалы педтехникум каст куы фæцис, уæд æй снысан кодтой Хуссар Ирыстоны Адрухскомы цур æнахуырдзинад скуынæг кæныны фæдыл бæрнон кусæгæн. Куыста Уанаты колхозон фæсивæды скъолайы ахуыргæнæгæй дæр. 1936 азы каст фæци Цхинвалы ахуыргæнджыты институт æмæ ’взæрст æрцыд, фæскомцæдисы Цхинвалы райкомы секре- тара^й. Куыста партийы Цхинвалы райкомы парткабинеты гæсæй, Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы иумиаг хайады гæсæй. Фæс- тæдæр нысан æрцыд ахуыргæнджыты институты директорæйУ 1941 азы майы Æлборты Раман æрвыст æрцыд Кубайы горæтмæ (Азербайджаны ССР) Сырх Æфсады политкъухда- риуæггæнджытæ цæттæгæнæн къурсытæм. Уыцы къурсыты ^систæр уыдис не ’мбæстаг, ныртæккæ отставказйы булкъон Гас- ситы Виктор. ;•/ 1 1941 азы 22 шоны гитлерон Герман нæ? бæстæмæ сырдон æгъдауæй куы "рбабырста, уæд курсанттæн арæзт æрцыд ми- 74
тинг. Гассийы фырт æппæт > курсанттæн уавæр лæмбынæг бам- барьги кодта, æмæ стæй загъта, зæгъгæ, фронтмæ’ барвæндо- нæй кæй фæнды цæуын, уыдон митинджы фæстæ рапорттæ æр- бадæттæкт. . Митинг куыддæриддæр фæци, афтæ курсанттæ уадидныф- фыстой рапорттæ фронтмæ ацæуыны тыххæй. Иу сахаты фæ- отæ курсаиттæ рæнхъгай слæууыдысты, æмæ, Гассийы фырт сæ разæй, афтæмæй æрцыдысты Хачмазы станцмæ. Фæндараст сæ кодтой Кубайы горæты адæм. Æлборты Раманимæ ма Хуссар Ирыстонæй уыдысты по- литкьухдариуæггæнджытæ Гаджиты Александр, Коцты Вик- тор, Бабаты Захар. Арвыстой сæ Авчъаламæ фæсауæрц бригадæмæ. ’ Раман нысан æрцыд ахуыргæнæн батальоны фыццаг ротæйы полит- къухдариуæггæнæгæй, командирæй та Трошкин Степан. Уый л ыдис иттæг хорз æмбал, уд æмæ дзæцц кæй фæхонынц, адæм, •— зæгъы Раман, — фæлæ хъыгагæн, фронты фæхицæнтæ стæм. Раман æй абоны онг дæр нæ рох кæны, арæх фæкæны йæ кой. 1941 азы октябры маршон эшелон Авчъалайæ арасти фронтмæ. Эшелоны хистæрæй нысан æрцыд капитан Покров- ский, къамисарæй та — Æлборты Раман. Эшелон Батайскы горæтмæ куы ’рбахæццæ, уæд райхъуы- стис уæлдæфон фæдис. Немыцаг бомбæзгъалджытæ йыл бом- бæтæ згъалын райдыдтой. Хæстонтæ æмæ командиртæ, Покровский æмæ æмбал Æл- ооры фырты бардзырдмæ гæсгæ, æвæстиатæй сæхи бааууоч кодтой горæты дыргъдæтты æмæ æндæр æмбæхсæн бынæтты. Зшелоныл ницы зиан æрцыд æмæ уый тыххæй армийы ко’ман- дæгæнæг инæлар Харитонов Покровский æмæÆлборы фыртæн бузныгдзинад расидтис æмæ сæ хицауадон хорзæхтæ райсын- мæ бавдыста. Эшелоны бынатмæ куы ’рхæццæ кодтой, уæд Раманы сны- сан кодтой 99 Сырхтырысаджын æхсæг дивизийы политхайады хистæр инспекторæй. 1941 азы 8 ноябры Æлборы фырт, куыд политкъухдари- уæггæиæг, афтæ салдæттæ æмæ афицертæн акъоппыты беседæ уагъта Стыр Октябры социалистоп революцийыл-24 азы сæх- хæсты сæраппонд. Раман уыцы бон фæцæф знаджы ’нæмыгæн æмæ цалдæр боны хуыссыднсанхайы. Немыцæгтыл кæд стыр зиæнттæ цыд, уæддæр бырстой размæ. Донбассæн^йæ фылдæр хай бацахстой, систоп Ростовы дæр. .^; •. 29 ноябры кой^ндæкæнынад бардзырд радта, цæмæй не ’фсæдтæ ссæрибар кæной Ростовы. Æхсæвбопмæ горæты уыпг- тьг цыдпс тугкалæн тохтæ. 75
Нæ салдæттæ æмæ командиртæ хъазуат тох кодтой знæг- тæй алы уынг æмæ алы хæдзар ссæрибар> кæныныл дæр. Рдй- сом Ростовы горæт уыдис не ’фсæдты къухы: Немыцæгтæ фæ- стæмæ алæууыдысты, фæлæ горæты æдде сæхи æрфидар код- той акъоппыты æмæ уырдыгæй æхстой махуæтты. Нæ баталъо- иы командир мæлæтдзаг- цæф фæцис. Æлборы фырт нæ фæт тыхстис, уайтагъд командæкæнын йæхимæ райста æмæ хæстон- ты. йæ фæдыл акодта атакæйы. — Нæ уарзон командиры маст райсæм фыдгул знагæй! — ахæм дзырдтæй сразæнгард кодта Раман йæ хæстонты æмæ сын фашисттимæ бацайдагъ джебогъон хæст. Немыцæгтæ дæ- рæн æрцыдысты æмæ уæд не ’ннæ ’фсæддон хæйттæн фæндаг байгоми размæ абырсынæн. . Уыцы карз тохты Раман йæхæдæг дæр уæззау цæф фæцие минæйы схъистæй. Фæлæ æхсарджын коммунист йæ хæстоп хæс кæронмæ сæххæст кодта: батальоныл ко.мандæ кæнын ба- хæс кодта ротæты командиртæй сæ иуæн æмæ размæ абыр- стой. __ Уый фæстæ санитар æмæ иу сержант Раманы ахастой сацитарон машинæмæ, фæлæ кæцæйдæр сæ разы февзæрды- ст$ фашисттæ æмæ сæ автоматтæй æхсын райдыдтой. .Санитар маелæтдзаг цæф фæцис. Сержант дæр фæцæфис. Раман .туг- амæхстæй зæххыл хуысгæйæ баззадис. Фашисттæ йæм фондз- æй æрбацæйцыдысты, хъуамæ йæ уацары акæнсде. Раман знæгты фæнд бамбæрста, йæхи фæфидар кодта æмæ йæхинымæр загъта: «Цæунæфæлтау уацары бахауон, фавлтау — мæлæт хуыздæр», æмæ кæд йæ цæф къахæй туг. цыдис, уæддæр къухтæ сæ куыст кодтой: автоматæй æхсын райдыдта фашистты. Æртæйы дзы фæмард кодта, иннæ дыууæ акъоппыты амбæхстысты. Уалынмæ, йæ амоидæн, не ’фсæддон хайы хæстонтæ æх- хуысмæ фæзындысты, немыцæгты скуынæг кодтой æмæ Рама- ны аластой ;быдырон санитарон хаймæ. Ахсджиаг хæстон операци æнтысгæйæ æххæст æрцыд æ^æ уыцы тохты активон хапад кæй райста, уый тыххæй Æлборты Раман хорзæхджын ’рцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Санитарон хайы Раманæн йæ цæф бабастой, æмæ йæ ар- выстой горæт Шахтæйы госпиталмæ. Фæлæ уым иу æхсæвьг йедтæмæ нæ баззад. Немыцæгтæ æппынæдзух горæтыл брмт бæтæ калдтой æмæ уымæ гæсгæ госпиталы цæф хæстонтьг æвæстиатæй санитарон поезды аластой Сталинградмæ. >р^ Раман вагоны йæхи æвзæр хатыд. Йæ галиу уæраджы стджытæ пырх уыдысты æмæ сæ рыст тыхджьшæй-ты^д&ын- дæр кодта. Медицинон хо куы федта, тынг кæй тыхсы,'^уый. уæд ацыд æмæ æрбакодта поезды хистæр^дохтыры. Уый уыд сылгрймаг. Йæ цæст. ахаста рынчынтыл ^æмæ йæ бафарста. кæмæй дæ, зæгъгæ. 76
’ . ; Раман æм йæ цæстытæ сзылдта æмæ æрмæстдæр иуиæг дзырд сфæрæзта зæгъын: - — Æлбортæй... • Уæд æй дохтыр иронау бафарста: — Ме ’фсымæры хай, ирон дæ, цы? . Рамап бацин кодта, фæныфсджындæри, дохтыр ирон кæп разынд, ууыл, æмæ йæ уæд йæхæдæг дæр бафарста: — Мæ хойы хай, дæхæдæг та кæцон дæ, кæмæй у дæ у.ыггаг? Уый уыдис Цæгат Ирыстонæй, йæ мыггаг Чехойтæй. Рæ- «сугьд æмæ уæздан сылгоймаг уыд, зæрдæхæлар, йæ хъуыдда- джы дæсны. Цæф хæстонтæМ уæздан ахаст дардта, аудыдта сыл. Раманы цурæй йæ къах нал авæрдта, цалыимæ йын рысты- тæ сабыргæнæн хостæ иæ радта, æмæ йæхи хуыздæр æнкъарын нæ райдыдта, уæдмæ. Уыи фæстæ дæр-иу æй арæх абæрæг кодта. ’ Хæсты фæстæ’Раман бирæ фæцагуырдта йæ ирвæзынгæиæг дохтыры, æмæ иу хатт куы уыдис, уæд ын фехъусын кодтбй, зæгъгæ, дам, 1942 азы, госпиталмæ цæф хæстонтæ ласгæйæ, бомбæзгъæлды бын бахаудта æмæ бабын ис. Сталинграды госпиталы Раманæн дохтыртæ йæ цæф къах федтой æмæ загътой, гангренæ дын у, зæгъгæ. Хъуамæ йын æй алыг кодтаиккой уæраджы онг- Бирæ рафæнд-бафæнды фæстæ Раман сразыис, æндæр ын ницыуал гæнæн уыд. Наркоз ын бадардтой æмæ цы арæзтой дохтыртæ, уый хатгæ дæр нæ кодта. Раман йæхи æрæмбæрста, палатæмæ йæ куы хастой, æр- мæстдæр уæд. Иæ фарсмæ бандоныл бадти медицинон хо. Ра- ман æй бафарста: мæ къах мын цы фæкодтой, зæгъгæ. Уый зына-нæзына йæ мидбылты бахудти. Уыцы рæстæджы палатæмæ бацыд профессор—сæйраг хирург æмæ йын загъта, дæ къах дын нал алыг кодтам. Хос ьш кæндзыстæм æмæ кæд иу къуыримæ гангренæ фесæфа, уæд дын ницæмæй уал тас уыдзæн. Иу къуырийы фæстæ Раманæн профессор йæ къах федта æмæ загъта, зæгъгæ, гангренæйы рæзты процесс банцад æмæ тагъд бынтондæр фесæфдзæн. Фæлæ дæ бирæ рæстæджы дæр- тъы хос кæнын бахъæудзæн. Хæст йæ тæккæ карзыл уыд, æмæ госпиталы чи хуыссыд, уыдонæй-иу чи сдзæбæх, уый-иу фæстæмæ фронтмæ арвыстой. Фæлæ Раманæн фронтмæ цæуын фæзынис, нæ кахыл нал лæу- уыд æмæ йæ дæргъвæтин рæстæг хос кæнын бахъуыд. Мысыд йæ -хæстом æмбæлтты. Иæ цæстытыл-иу ауадысты, афонмæ йæ батальоны хæстонтæ размæ куыд фæбырсынц, зынгхуыст æм- бæлтты маст дывæрæй куыд исынц, уыдæттæ. Фæндыд æй фæ- уæлахизы бонмæ тохы быдыры йæ уарзон æмбæлттимæ хайад исын. 77
Декабры æмбисы Раманы аластой Кисловодскмæ, уырды- гæй та — Бакумæ. • . • 1942 азы августы онг Раман йæ цæф къахæн ,хос кодта æндæр æмæ æндæр госпиталты, стæй æрыздæхтис йæ райгуырæк уæзæгмæ инвалидæй. Чысыл рæстæг баулæфыны фæстæ кусын райдыдта парти- йы Хуссар Ирыстоны обкомы æмæ горкомы лектор-консулътан- гæй.Адæмы ’хсæн кодта пропагандон куыст фронтæн баххуыс кашыны фæдыл, знаджы ныддæрæн кæныны тыххæй æппæт тыхтæ æмæ хъарутæ смобилизаци кæныны сæраппонд. Æрвыл- бон дæр горæты цæрджыты зонгæ кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты уавæримæ, Совинформбюройы æрмæджытима\ Хæст фæцис. Советон адæм фæуæлахиз сты фыдгул знагыл. Адæм цин кодтой Уæлахизы боныл. Райдыдта сабырадон цард. Æлборты Раман дæр райдыдта йæ уарзон хъуыддаг — ахуыргæнæджы куыст. 1946 азы январæй фæстæмæ куыста ныр- «ма Хуссар Ирыстоны педагогон институты проректорæй, стæй та фæсаууонмæ ахуыры астæуккаг скъолайы директорæй. 3968 ’азæй фæстæмæ ис пенсийы. Фыдыбæстæйон хæсты фронтты гитлеронты ныхмæ тохы æхсардзинад кæй равдыста, уый тыххæй Æлборты Михаилы фырт Раман хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй æмæ фондз майданæй. а
Мæхæмæтты Ахуырбег ФЫЦЦАГ БОН »æскуыйы сæмбæлдысты дыууæ хæстон æмбалы. Сæ зæрдыл æрлæууыдис хæсты фыццаг бон, æрымысыдысты сæ тохы æмбæлтты. Царевæн йæ къ*ух ахаудта, кусы Сталинграды бынмæ. Ко- миссарæн скодтой вазыгджын операци æмæ ногæй йæ цæстæй ракаст. Жигулийы арæзтадон хайады хицауæй кусы. Гъе, фæлæ Æвсæны фырты тыххæй æппындæр никæцæй ницы хъуысы, — загътон æз. — Дзæбæх, æнæниз у, — мæ ныхас мын æрдæгыл аскъуыд- та Коваленко. — Æрæджы Стыр театры «Къниаз Игормæ» хъуыстам. Инæлар!.. — Уæдæ Æвсæны фырт ам ис? — фæхъæр кодтон æз. \—Ам нал ис: Знон æй Дард Скæсæнмæ афæндараст код- там.-’зонæдты доктыры ном райста æмæ ацыди. Ахæм ныхæстæи райдыдта ульяновскаг фыссæг Слесаревы поьесть «Хæсты фы&цаг бон». Чииыджы сæйраг архайæг у не ’мбæЬгаг ’Æвсæнты Амырхан. 7?
...Дыгургомы бæрзонд къæдзæхтæй иуы фахсыл нынныхæст чысыл хæххбн хъæу Къуссу. Ам арвыста Амырхан йæ сабийы бонтæ. Ар^дыгæй цалдæр æмгаримæ ацыд горæт Краснодармæ ахуыр кæньшмæ. Каст фæци æфсæддон скъола. Бацыдис фæс- комцæдисы рæнхъытæм. Уый фæстæ ссис партийы уæнг. Служ- бæ кодта Пятигорскы, Тулæйы. Амырханы хæст æрæййæфта горæт Львовы. Тæккæ фыццагдæр бон йæ батальон бацыдис мæлæтдзаг тохы. Цалдæр боны фæстæ горæт Ломжийы цурæй Ирыстокмæ ссыди сау хабар: «Æвсæнты Дзахойы фырт Амыр- хан фæйард хъæбатырæй...» «Æз Амырхайы скодтон мæ повесты сæйраг арХай&Г, — фыссы П. Слесарев Æвсæны фырты хæстæджытæм. — Скодтон æй уымæн, æмæ æфсымæртау цардыстæм. Йæ ном æмæ йæ тохы <рæндаг мæнæн тынг зынаргъ сты. Повесты цардæгасæй цæмæн баззади? Кæддæриддæр, удæгасау, лæууы мæ цæстыты раз. Йæ зонд, йæ хъæбатырдзйнад æмæ æфсæддон дæсныдзинад мæ кикуы [1ох кæнынц, танкистты кæстæр фæлтæрæн цæвиттонæн баззадысты. Къамы уынæм ныфсхаст лæппу-лæджы цæсгом, сыгъдæг æмæ хæлар цæ’стытæ сты худæндзаст. Ахæмæй бадардтой сæ зæрдыл Амырханы йæ хæстон æмбæлттæ æмæ хæстæджытæ, йе’мæ чи сæмбæлд æмæ аныхас кодта, уыдон иууылдæр. Хæст, æлгъыстаг хæсты фыццаг сахаттæ. Иу æрдузгонды танкисттæ æрæмбырд сты сæ танкæты алыварс. Кæройнаг танк- мæ рог схызтн Амырхан æмæ хъæрæй дзурын райдыдта: — Европæйы алы кæрæттæй Гитлер æрæмбырд кодта тех- никæ. Фæлæ техникæ цыфæнды тыхджын куы уа, уæддаер фæ- уæлахиз уæвынæн уый æгъгъæд нæу. Сæйрагдæр сты адæм, сæй- рагдæр у æфсæддонты удыхъæд. Мах адæм бирæ уарзъшц сæ Райгуырæн бæстæ, не ’ппæтæн дæр æмхуызон зынаргъ сты нæ рæсугъд горæттæ æмæ хъæутæ, хæхтæ æмæ лæгъз быдыртæ, денджызтæ æмæ цæугæдæттæ... Салдæттæ æмæ афицертæ лæмбынæг хъуыстой Æвсæны фырты ныхасмæ. Уæдмæ дивизийы штабæй æрбаздæхт полчы командир булкъон Фотченков. Уый рагæй зонгæ уыдис Амыр- ханимæ, бахъуаджы сахат ыл йæ зæрдæ тынг дардта. Æмæ уы- цы бон дæр командирты куы ’рæмбырд кодта, уæд хуымæтæджы нæ загъта: ^ — Сахаты фæстæ нæхи байсдзыстæм хъæдмæ. Нæ хæс , у немыцаг танкты сосамæ иæ бауадзын. Æппæтæй. дæр .домын фæразондзинад, арæхстдзпнад æмæ хъæбатырдзинад. Капитан Æвсæны фырты батальон баззайдзæн мемæ. <\п . ...Тар хъæд. Бæрзонд фæцыдысты нæзы бæлæстæ. Се’ ’хсэен- ты сæхицæн фæндаг гæрстой танктæ, моторты гуыв-гуыв^æмæ рæхысты зыланг дардмæ хъуыстысты. :'1 .^ Æваст райхъуысти пулеметты къæр-къæр, сармадзанты ^æрæхтæ. Немыцаг дыууæ хæдтæхæджы сæхи ныллæг æруагъ- &)
й æмæ хъæд æхсын райдыдтой. Танкисттæ сæ сæхстытæ код- Т°й Хæдтæхджытæ, сау халæттау, фæстæмæ фæзылдысты æмæ п^идзынмæ хъавыдысты. Фæлæ — нал: сæ иу, йæ фæстæ фæз- сæДЖЫ къуыбылæйттæ уадзгæйæ, зæхмæ йæ ных сарæзта, иниæ ’’’ цыдис тымг хъыгдард, афтæмæп аивгъуыдта пæхионты ’рдæм. Капитан бардзырд радта, цæмæй йæ батальон æвæстиатæй аиыдаид æндæр ранмæ. — Уæртæ кæройнæгты фæтагъд кæи, — загъта Амырхан къамисарæи, йæхæдæг таикмæ сгæпп коцта æмæ атындзыдта . размæ. — Æмбæлттæ, размæ, æрмæстдæр размæ!—фехъуыстой салдæттæ сæ командиры хъæлæс. Дыууæ сахаты бæрц рацыдаид, афтæ немыцаг хæдтæхджы- ты стыр къорд фæзындис хъæды сæрмæ æмæ цалдæр тыхджын бомбæйы æрæппæрста, раздæр капитан Æвсæны фырты баталь- он кæм лæууыдис, уым. Æвæццæгæн, цæфтæ «мессер» баздæхти т) бынатмæ æмæ тæхæг фехъусын кодта, танктæ кæм лæууы- дысты, уый. Командиры арæхстдзинады фæрцы фыдбылызæй фсрвæзти бирæ адæм æмæ техникæ. Æвсæны фырты батальоны штабы рахиз фарсæй æрбай- хъуыст сармадзанты гæрæхтæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ æхстой уазззау танктæ дæр. Капитан æвæстиатæй сбæрæг кодта знаджы . тыхтæ: хъæды къохы уыдис дæс æмæ ссæдз танчы. - Махонтæ сыл цæхæр ныккалдтой æмæ сæ фæстæмæ атардтой. Цæмæй знагæн ногæй æрбабырсыны фæдат мауал радтаиккой,,уый тых- хæй Амырхан бардзырд радта: — Хæстæгдæр хъæу бацахсын хъæуы. Уым хъуамæ æрфи- дар уæм! — йæхæдæг уайтæккæ дæр сарæзта ныббырсты фæтк. -.-- Дыууæ танчы ныууадздзыстæм резервы, иннæтæ æртыхсдзы- сты хъæуыл! Цалынмæ танкисттæ сæхи ныббырстмæ цæттæ кодтой, уæд- мæ хъæуæй рацыд цалдæр немыцаг мотоциклы æмæ æртæ рог танчы. Чысыл фæстæдæр ма ноджыдæр знаджъ1 аст танчы ра- зындысты хъæуы кæройнаг уынгæй, фæзындис бронемашинæты чысыл къорд дæр. — Иу санчъех дæр фæстæмæ нæ! — ныййазæлыдис капита- ны хъæлæс. — Цæвут знаджы! Æрвнæрæгау ныниæрыдысты сармадзантæ. Знаджы раззаг дыууæ танчы ссыгъдысты. Ногæй та сцæхæр кодтой сармадзан- тæ, немыцаг танктæй цалдæр цг>æх пиллон суагътой. Æвсæны фырт сæ уыйас ^енæнхъæлæджы æмæ афтæ арæхстджынæй ныц- цавха æмæ немыцаг танктæ æддæг-мидæг ауадысты. Æхсыны фадат ма уыдис æрмæстдæр кæройнæгтæн, иннæтæ фездыхсын- мæ дæр нал арæхстысты. Чи ’хста, уыдон дæр сæ нысан не ’ргъаавтой... Знаджьф танктæ сæ чъылдымтæ равдыстой, кæмæн сæ куыд.æнтысти, а^тæ лыгъдысты. — Размæ! Размæ! — райхъуыст бардзырд æмæ Æвсæны б* 81
фырты танктæ сæ ных сарæзтой хъæумæ, цæмæй немыцæгты фæндаг алыг кодтаиккой. — Бузныг, Амырхан, стыр бузныг! — Дзырдтой йын, æппæ- лыдысты дзы, уый та цæугæ-цæуын хъуыды кодта фыц- -цаг тохы хатдзæгтыл. «Цымæ цæмæи афтæ рауад? — йæхи фарста Амырхан. — Æмхуызон тыхтæ уыдис дыууæтæм дæр. Афтæмæй йæ батальон састы бынаты ма баззайа». Иннæ хатт та зиагæн ахæм бæрзæйсæттæн цæф нык- кодтой, æмæ йæ сызмæлын дæр нал бауагътой. Кæддæриддæр афтæ хъæуы! Æвсæны фырт йæ хъуыдытæ радзырдта Фотченковæн. Булкъон йемæ сразы, раппæлыдис дзы. Амырхан фæдзырдта штабы хицаумæ æмæ йын загъта: — Ногæй та ныббырсын хъæуы. Не ’фсæдтæ хъæу кæй ба- дахстой, уый фæстæ знаг къæппæджы бахауди. ÆртæрдыгæГг йыл æртыхсæм æмæ йæ цъымарамæ батæрдзыстæм! Афтæ куьг бакæнæм, уæд ын фезмæлæн иичердæм ис! Штабы хицау йæ мидбылты бахудти æмæ радта цыбыр дзуапп: — Иттæг хорз, æмбал капитан! Вазыгджын уавæры раст фæнд рахæссын, æфсæддонты æдæрсгæйæ размæ хонын, — уыцы æмæ бирæ æндæр хорз ми- ниуджыты тыххæй салдæттæ æмæ афицертæ бирæ уарзтой Æв- сæнты Амырханы. Хъæбатыр капитан йæхæдæг уыдис тохы цæхæры, алырдæм дæр арæхсти, уавæрмæ кæсгæйæ, ивддзи- нæдтæ хаста хæсты пъланмæ. Чысыл раздæр удаистæй чи лыгъдис, уыцы фашистт^ сæхи æрæмбæрстой. Ноджы ма сыл ног тыхтæ дæр бафтыдис. Сæхи фæхъæддых кодтой. Минæтæ æмæ сармадзанты нæмгуыты срæ- мыгъдтытæ, танкты рæхысты дзыгъал-мыгъул, хæдтæхджыты ниуыи сæмхæццæ сты, хъустæ къуырма кодтой, адæймаг бар- æнæбары йæ уд æфснайыныл архайдта. Æвсæиы фырт райдианы йæ машинæтæ сæвæрдта ног мæ- йы хуызы. Иæ къуыпп фарс ын сарæзта Саны цæугæдоны ’рдæм. Æппæты разæй æрывæрдта Царевы ротæ, уым уыдис йæхæдæг дæр. Фæлæ цæстфæныкъуылдмæ уавæр фендæр. Мах танктыл зиæнттæ цæуын райдыдта. Немыцæгтæ тыпгæй-тынгдæр æхстой. Ахæм уавæры танктæн афтæ уадзæн нал уыд. Амырхан сæ/ тымбыл къухау, иумæ æрбамбырд кодта æмæ йæхæдæг раззаг такк знагыл баскъæрдта. Йæ фæстæ абырстой иннæтæ дæр. м'>! Амырхан æппæты фæстæ ацыд хæцæнæй. Æрмæстдæр азм уæд бахъардта йæ фæллад. Бамбæрста, йæ хъæбатыр æмбээлт- тæ цас тыхтæ æмæ хъарутæ схардз кодтой, уый. Капитан бафæ- дзæхста, цæмæй баныгæдтаиккой мæрдты, бакодта æгæсты^мæт: йæ бардзырдмæ гæсгæ сын æрбаластой хъарм хæринаг. Маши- назты артаг нывгæнын кодта. Хъыгдард танктæй иуты цалцæг 82
кæнынмæ арвыста, бынтои æвзæр хæлдтыты та срæмудзын Хæсты быдыр... Æвсæны фырт ыл иæ цæст ахаста. Алырды- гæй зындысты знаджы мæрдтæ, автомашинæтæн ма’ æрмæст се стæгдартæ баззадысты, фæлдæхт мотоциклтæ æмæ уæрдæттæ сцæндтæ сты. Бирæ танктæ ма гæзæмæ фæздæг кодтой. Хæцаг галæн йæ сыкъа сæтты! — загъта хъæлдзæгæй Амырхан. — Адон мах иу ныццæфæй басæттынмæ хъавыдысты, фæлæ сæхæдæг ныппырх сты!.. Танкисттæ сæ бынатæй фезмæлыдысты. Æвсæны фырты зæрдæ байдзаг алыхуызон æнкъарæнтæй, раст цыма, размæ стыр цин æмæ æгæрон мастмæ цыдис, уыйау. Цæмæн афтæ уы’- дис, уый йæхæдæг дæр не ’мбæрста. Уыдта, райсомæй кæуылты цыдысты, уыцы хæцæнтæ. Æрбахæццæ сты амынд бынатмæ. Иу чысыл аулæфыны фадат ис. Абондæргъы цал хатты сæмбæл- дысты лæгæй-лæгмæ адзалимæ, фæлæ рацыдысты уæлахизæй. Афтæ арвыста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг бон ка- пнтан Æвсæнты Дзахойы фырт Амырхан. Цас ахæм æмæ ноджы уæззаудæр бонтæ арвыста, цалыимæ æнусон кадмæ бахызти, уæдмæ! *
Гугкаты Шамил УРОЧЫ ПЪЛАН ыртæккæ йæм фынфенæгау цы азтæ кæсынц, уы- дон тыххæй цалынмæ йæхæдæг нæ радзура, уæдмæ дæр бæрæг у, йе ’взонг хъару æмæ йын йæ тыхæй стыр къæрт кæй аппæрс- той, уый. Донгъуыз цæстытæ байгом кæнынц зæрдæйы дуар æмæ бахуды хæларзæрдæ, æнæхин адæймаджы цардбæллон цæсгом. Мыдгъуыз сæрыхъуынтæ кæд фæтæнæг сты, уæддæр сæ урсытæ нæма фæзынд. Фæлæ уый хыгьд, цин дын фенон, царды фæлварæнтæ дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ ныууагътой сæ фæд цæсгомыл, рæстдзинадæп табу чи кæны, авгау ын æрхауынæй чи тæрсы, уыцы фæлмæн æмæ фидар зæрдæйыл зынынц нуæс- тау æмæ сыл, чипыджы рæнхъытау, бакæсæи ис, æнустæм хъыс- мæт æмбисондæн хæссинаг кæй фæкодта, ахæм хабæрттæ. , " Ныййарæг зæххы фарн, Фыдыбæстæйы кад æмæ салдаты пом кæрæдзийæн лæвæрдтой ныфс, цъæх цинел æмæ, сау'{'цы- рыхъхъытсæ йæ уæлæ, афтæмæй фæдисон райдыдта нымайын æйæнцой азтæ, карды комæй фæлдæхта рæстæджы сыфтæ. Фæлæ зынди бæгъатырмæ йæ нысан æмæ йæ разы цы стыр 84
фыдтæ уыди амад, уыдоны астæу ацыди, æндон нæмыгау, æмæ, цыртау," ныссагъта Уæлахизы тырыса. Салдат æрывæрдта йæ хотых, алайæдзаг къухтæй асæрфта йæ рыгтæ æмæ хус цæстæй каст йæ даргъ фæндагмæ. Кæддæр карды фистоныл фынæйæ дæр цы нуарджыи æп- гуылдзтæ хæцыдысты, уыдоны ’хсæн ауыгьдæй баззадис фыс- с<тп сис, басур йæ чернилæ, афтæмæй нырма цалдæр дзырды йедтæмæ фысгæ-дæр нæ ныккодта: «Урочы пълан». йæ быны кæрæй-кæронмæ стыр дамгъæтæй: «Советои адæмы массои хъайтардзинад 1941 —1945 азты Стыр Фыдыбæстæйоп хæсты рæстæджы». Фæллад цæстытæ кæсынц рудзынгæй, ацыдысты рох аз- тæм балцы æмæ лыстæггай агуырдтой, мыггагмæ фæхудынæп æмæ фæкæуынæн дæр фаг чи у, уыцы бонты. Кæсынц дыууæ фæллад цæсты рудзынгæй. Иугай æртæхтæн сæ тъæпп фæцæуы авгыл æмæ йыл.зулаив дæргъмæ ныхæсынц. Фæстагмæ райдыд- той æмдзæгъд æмæ дзы æртах бæрæг нал уыд. Са\чи ныллæг æруагътой дондыппыр мигътæ. Райдианы гæзæмæ хъуыст æрв- гæрæттæй арвы нæрын, стæй æрбахызт хæхты сæрты æмæ ахъаззаг нырттывта, кæмдæр фæцыд йæ- цæлхъ. Къæвда рай- дыдта сæх-сæх кæнын, зæхх фестад дон, суадæттæ. Чысыл раздæр æнгуылдзты ’хсæн цы сис дзой-дзой кодта, уый æрхаудта стъолмæ, цæстытæ баззадысты ирдæй. Тар мигъты ’хсæнæй хуры цалх ратулынмæ хъавыд æмæ аныр-ауæд кодта. Самсоны сæры абухта знæт хъуыдыты денджыз. Йæ улæнтæ сырдтой кæрæдзи æмæ æмбæлдысты ивгъуыд азты æнæферох- , кæнинаг цыртытыл. ССР Цæдисы историйы чиныг лæууыд йæ разы фæлдæхтæй. Нывы Советон Цæдисы Маршал Рокоссовский йæ хъусыл сæ- вæрдта телефоны хæтæл æмæ стыр цымыдисæй ног хабæрттæм кæй æнхъæлмæ каст, уый зынд йæ бæгъатыр цæсгомыл. Хæсты ветеран хуызистмæ каст æдзынæг, стæй дыууæ æртахы апырх сты цæстыты хаутыл. Лæгæй-лæгмæ зыдта йæ командæгæнæджы. Уæлахизы бон митинджы ныхас кæнгæйæ, цыдæриддæр загъта, уыдон иууылдæр бадардта йæ зæрдыл, йæ тæккæ фарсмæ лæу- уыд. Салдат æмæ Маршал — Райгуырæн бæстæйы фæдисонтæ цин кодтой Уæлахизы боныл, сæрыстыр уыдысты, Скæсæнæй Ны- гуылæнмæ амонды стъалы, цæхæр калгæ, кæй фæхастой, уымæп. Цадæггай^байгом рох заманты дуар æмæ разындысты æмбисондæн хæссинаг Фыдыбæстæйы цæрæццаг нæртон хъа>- булты лæджыхъ&д æмæ намысы хъуыддæгтæ. Фæздæгæй арыд сау мылазон азтæ. Фæуæлахиз хъысмазты карз тæрхон. Фыдбылыз систа кард æмæ дзы а пыр йæ тых, йæ бонæй ныцъцъыкк ласа адæймаджы рухс бæллицты, а$тæ арвырон нырттывта æмæ фæтарст фыдгæ- нæг йæхæдæг, рызти йæ къух, фæлæ уæддæр йæ у^тзæй ахауд ьард æмæ фæлыг дæлимонты базттæп рæхыс, фæлыг, фе- 85
уæгъди йæ баст мæлæтæн æмæ иæ цæвæг райдыдта кæрдьш. Райгуырæн бæстæйы зынгзæрдæ хъæбултæ кæддæр сæ ту- гæй цы арæнтæ æрхахх кодтой, уыдоныл ныллæууыд фыдгулы цырыхъхъ æмæ уæд фыдызæхх нынкъуыст, нызмæлыди, ныр- рызт. Стыр балцы цыдысты равзаргæ фæсивæд æмæ сабийæ фæстæмæ цы къæсæртæ ихсийын кодтой, уыдоныл хызтысты, сæхи фæндагсар Уастырджийæн фæдзæхсгæ. Цыдæриддæр сæм маст уыдис, уый, ивылд æмæ хъаймæтхæссæг-лæсæнау, хуыдуг кодта фыдгулы. Уыцы райсом дæр та Багаты Самсон райста чингуытæ, цы- дис рухс фæндтимæ, цæмæй та Кировы хъæусоветы, Часавалы скъолайы ахуырдзау фæсивæдæн бацамыдтаид царды иу къах- дзæф акæнын. Уæд истори цыбырдæруыд, царды хæрзиджытыл хъуыды кæпыны йедтæмæ æндæр мæт нæ уыд адæймаджы. Фæ- лæ 1941 азы 22 июны дуне фæхæццæ, æнамонд хабар фехъусгæ- пæ, Самсонæн дæр æмбисфæпдагыл фескъуыдысты йæ сабыр царды хъуыдытæ, æнамонд хабар ын февнæлдта æгъатырæй йæ рухс фæндтæм æмæ сæ алырдæм ныссуйтæ кодта. Цас ыл цыдис, æгасæй 24 азы. Уыцы аз фæци каст ахуыр- гæнджыты институт. Нырма сæрмагонд царды фæндагыл цæуы- ны фæндтæ уæд нывæзта, фæлæ йын цард райдыдта йæхи фæл- варын. Цалдæр боны фæстæ хæрзбон загъта йæ бинонтæн, йæ уарзон хъæубæстæн. Æрмæст ацы хатт нал цыд ахуыры фæн- дагыл, фæлæ Райгуырæн бæстæйы сидтмæ фыдгулы ныхмæ тох- мæ. Ацы хатт æй фæндараст кодтой мидбылхудт æмæ хъæлдзæг æнгас нæ, фæлæ сылгоймæгтьг цæссыгтæ æмæ зæронд лæгты мид-зæрдæйы сагъæс. Самсон 1941 азы июнь æмæ июлы æгасæй иу мæйы бæрц ацахуыр кодта бастдзинады курсыты Авчъалайы, стæй тохы оыдыр, фронт. Фыццаг фæлварæн радта Донбассы. Артилле- рион батарейы командиры хæдивæг, ротæйы хæстон газеты ре- дактор, уым бамбæрста, знагмæ йæм стыр æнæуынондзинады тых кæй ис, маст исын йæ иунæг нысан кæй у, уый æмæ нæ ауæрста йæ удыл. Кæд фыдгул рæстæгмæ Фыдызæххыл йæ къах æрбайста, уæддæр советои салдат гуырысхо никуы фæ- ци, знаджы сæфт рæхджы йæхи цæстæй кæй фендзæн, ууыл, пикуы йын фæтасыди уæлахиздзинады ныфс. Туапсейы кæмттæм куы бахæццæ, у-æд ыл сæмбæлдис,' рагæй кæмаз æнхъæлмæ каст, уыцы бардзырд: «Хæлæрттæ, æгъгъæд уæд фæстæмæ цæуынæн, ныр та размæ, размæ уæ- лахнзы фæндагыл». Æмæ райдыдта, Самсон цы æфсæддон.,ха- йы службæ кодта, уымæн дæр йæ размæбырсты фæндаг 1943 азы 13 япвары. Цыдысты размæ æхсæвæй:бонæй, къæвдайæ- хурæй. Ныр фæстийæ аззадысты Белореченск, Устлаба^Ва- сюринск æмæ æндæр горæттæ, бирæ хъæутæ, цæрæн пункттæ, с)зæлæ йын уыцы карз тохты æнамонд, æвирхъау хъысмæт фе- скъуыдта йæ фæндаг рæстæгмæ. 36
Васюрипскмæ хæстæг æрынцадысты тохвæллад хæстонтæ, саехи æрфидар кодтой иу дыргъдоны æмæ æнхъæлмæ кастысты ног бардзырдмæ. Æхст цьтдис æппынæдзух, фæлæ нырма алчи бадт йæ фидары. Алы командир, алы политикон кусæг дæр йæхи цæттæ кодта. вазыгджын хæстæ æххæст кæнынмæ, салдæттæн æмбарын кодта дарддæры хæстон операциты стыр иысаниуæг. Уæдмæ цыдысты ног тыхтæ, ног резервтæ. Уый уыдис 1943 азы 11 февралы. Гæзæмæ ирдгæ хаста. Салдæттæ æнхъæлмæ кастысты цавæрдæр ног ныхасмæ. Сам- сон йæ хызынæй систа къуымбилæйбыд æрмкъухтæ æмæ дзы иæ къух куы акодта, уæд дурдзавдау лæугæйæ баззад. — Цæуылдæр ахъуыды кодтай, æмбал командир? Самсон мндбылты бахудт, æрфгуыты бынæй бакаст ны- хасгæнæгмæ æмæ сæрыстырæй цæст ахаста йæ алыварс хæс- гонтыл. — Афтæ мæм кæсы, цыма ацы æрмкъухтæ ирон сылгойма- джы быд сгы, махмæ, Ирыстоны дæр раст ахæмтæ аразынц. — Чи зоны, цæмæй йæ зонæм мах. Ныртæккæ, æвæццæ- гæи, æгас Уæрæсе дæр нал зоны фæллад, æрынцой, алчи дæр \\æ уд нæ бахæлæг кæндзæн уæлахизы тыххæй. — Æнæмæнг афтæ, — сдзырдта Самсон æмæ йæ хъуыды- тæ атахтысты дард Ирыстонмæ, цæстытыл ’ауад райгуырæн \ъæу, йæ хæдзар, йæ бинонтæ. Зымæгон бон. Иу дæр сæ æн- чад нæ бады. Иутæ пиргæ, иннæтæ бигæ. Афтæмæй мæнæн фылдæр бантысайæ æрвитынц хъарм дарæс фронтмæ. Иу дзыр- дæй, йæ бон чысыл баххуыс кæныи кæмæн уыд, уый нæ ауæрс- та йæ тых, йæ хъаруйыл. Гайлаг галы бынаты балæууыд, лæп- пу хæрз æвзонгæй райста хосдзауы цæвæг æмæ æхсыстой Рай- Гуырæн бæстæйы уæлахиз. — Зынаргъ хæлæрттæ. Атыдта советон адæмы масты ден- джыз, хæрамдзинад лæсæнау ацыди фыдгулыл æмæ уынут, — Самсон рахиз къух æрывæрдта роныл баст дамбацайы хуым- пырыл, .галиу фæдаргъ ныгуылæны ’рдæм, — лидзы фыдгул, рæхджы йæ зонгуытыл æрлæудзæн сæрибардзинадхæссæг сал- даты раз, мæнæ сымах раз. Уæлахиз нал у дард. Рæхджы нæ тырыса фæйлаудзæнис Берлины сæрмæ. Æрмæст уæ зæрдыл дарут: нырма фыдгулмæ бирæ тых ис, йæхи аслам нæ ратдзæн. Цыдæр зæгъынмæ ма хъавыди Самсон, фæлæ уыцы рæстæджы сармадзанты хъæр æрвнæрæгау ныннæрыд æмæ нал банцад æрдæг сахаты ,бæрц. Уый фæстæ хæстонтыл цæсты фæны- къуылдмæ атахтИ) размæбырсты бардзырд æмæ та сыстади фæлтæрд салдат’^йæ акъоппæй адæймаджы барты сæрыл тохмæ. ^ Хæрзæввахс ффсæлд знаджы нæмыг. Фæлыг та ис Самсо- ны фæндаг, фескъудвдысты йæ бæллицтæ, ахауд зæххыл, ии- иы уал федта, ницы уал базыдта. Йæхи æрымбæрста Васю- рпнскы санитаоон хайы. Нал змæлыди астæуæй дæлæмæ. Фаг>- 87
ста медицинон хоты, цы ’рцыди, уымæй. Фæлæ йын алчи дæр æмбæхст мидбылхудтæй лæвæрдта дзуапп: «Тæрсгæ ма кæн, рæхджы та æрлæудзыиæ дæ хæстон æмбæлтты фарсмæ æмæ та уæд фæуыдзæн фадат дæ маст райсынæн дæр». Знаджы нæмыг бакодта йæ кæнон. Ныппырх синмæ хæстæг агъды стæг. Зын уыди уæззау цæф уромын, бирæ рæстæг хъуыди йæ дзæбæх кæнынæн æмæ йæ аластой Махачкалайы госпиталмæ. Æвдадзы хосау уыди дохтырты æнувыддзинад, рæвдаугæ дзьшд. Самсон æнхъæл куыннæ уыд, афтæ æртæ мæймæ сфи- дар къах æмæ йын кæд фронтмæ æрвитæн нæма уыд, уæддæр балæвæрдта куырднат æмæ æххæст æрцыд йæ фæндон. Хистæр лейтеиант Багаты Самсон госпиталы фæстæ тох- ты хайад исын райдыдта Смоленскы зæххыл. Ныр архайдта, фронты раззаг хаххыл кабелон бастдзинад чи арæзта, уыцы ротæимæ. Уыд командиры хæдивæг, райстой йæ партийы рæн хъытæм. Райдыдтой БеЛоруссийы зæххыл карз тохтæ. Советон Гарз- джъш Тыхтæ цыппар фронтæй дæрæн кодтой знаджы райгуы- рæн бæстæйы арæнтæм хæстæг. Алы хæстонæн дæр йе стыр бæллиц уыди Фыдыбæстæйæ знаджы тагъддæр фæсурын. Гомелы горæт исгæйæ, стыр нысаниуæг уыдис цæугæдон Сожы сæрты ахизыйæн, стæй уыцы фарс бастдзинад саразы- нæн. Ацы бæрнон хæс æххæст кæнын штабы хистæр бахæс код- та бастдзинадонтæн. Уыдонимæ уыдис Самсон дæр. Семæ ахастой машииæйы кймерæтæ, покрышкæтæ æмæ, бастдзинад аразынæн цыдæриддæр хъуыдис, уый. Æхсæв. Мæйдар. Доны уæлцъар саудалынгæй зынд. Æр- мæст йæ сыбар-сыбур йæхи сæрфта хъустыл. Салдæттæ сбад- тысты æмæ хъайгæ райдыдтой ленк кæнын, æвналынц арæхст- гай, цæмæй доны цæллахъ ма фехъуыса! Алчи дæр нылхъывта æфсæртæ кæрæдзимæ, бамыр æмæ кæд цæстытæ ницы уыдтой, уæддæр дзагъырæй кастысты доны уыцы фарсмæ. Хæстонтæм афтæ каст, цыма чысыл’* бæлæгътыл океаны сæрты хизынц, ныддаргъпс сæ фæидаг. • Уыцы æнæнцой минуттæй алчи дæр йæ тонайы хай кодта салдаты ныфсытæ æмæ хъаруйæ, 1сæ фæндтæ хæцыдысты тæбыны халыл. !■ Знаджы ’рдыгæй ферттывта’ цавæрдæр рухсы тын æмæ, хьамайау, фæныхст арвы риуы, стæй уыцы иу цъыкк нылласта уырдыгмæ æмæ доны уæлцъарыл авæрдта хинтæ æмæ^-кæ- лæитæй едзаг рухсы æрттывд. -Уайтагъд фехæлдта æхсæвы •æнцойдзинад. Прожектортæ доны уæлцъарыл салдæтты абæрд- той милмæ æмæ нæмгуытæ скафыдысты сæ алыварс. Щард æмæ мæлæт кæрæдзимæ фæлæбурдтой, <-хъысм'æт слæууыд карды комыл, цыдис æрдуйын хидыл. Уым’1, фæмард ’сты цал- ’дæр хæстонæй, инпæтæн бантыст доны иннæ фарсмæ баирвæ- зын. Уайтагъд æрцагуырдтой æмбæхсæнтæ. Æрдз дæр фæцис 88
сæ фарсхæцæг. Аныхъуырдтой сæ кт-утæр хъæд, лæнчытæ. Маэн дæр, æвæццæгæн, фæсрагъ йæхи баурæдта æмæ ная скаст бонмæ. фронтимæ уыд бастдзинад. Æппæт,зонæнтæ дæр райдыд- той телтыл згъорын. Уалынмæ ныззæй кодтой Советон Æфсад æмæ асыгъдæг Гомел, уый фæстæ ссæрибар сты Минск,, Баб- ’руйск, Могилев, Гродно. 1945 азы январы дыккаг белоруссаг фронт æмæ æртыккаг Оелоруссæг фронт бырсыи райдыдтой Скæсæн Пруссийыл, тох- тимæ батыдтой балты донбылгæрæттæм æмæ фæхицæнтæ код- той Хурскæсæйнаг Пруссийы къорды. Афтæмæй апрелы фрон- ты хæстонтæ штурмæй систой Кенигсберг, стæй Гдинья, Гданск æма> Хурскæсæн Пруссийыл бацыдысты Цæгат Берлинмаэ, Ацы фæндагыл нæ фæллад Самсоны къах дæр. Фæцис цыппар цæфы, фæлæ нал фæхицæн йæ хæстон æмбæлттæй,, æмæ 17 майы сæххæст, цыппар азы афтæ тынг кæмæ фæбæл- лыд, йæ уд ын æрдуйæ нарæгдæр чи скодта, уыцы ба\алиц, бацыди Берлинмæ. Стыр зынтæн сæ сæрты ахызтис салдат, фыдгулæн асаста пæ астæумагъз æмæ йæ æрлæууын кодта рæстдзинады раз йæ зопгуытыл. Йæ хæстон фæндаг ын йæ риуыл басагъта лæджы- хъæд æмæ хъайтардзинады æвдисæнтæ: Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг къæпхæны орден, Сырх Стъалыйы ордеи, майдантæ Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй, Советон Æфсады 50 азы, Кенигсберг сисыны тыххæй, Германыл фæуæлахизы тыххæй. Фæлæ йын иууыл кадджындæр хорзæх та уыдис уæлахиз; уал азы советон дзыллæ сæ быцъынæг кæмæ ивæзтой, уыцы уæ- лахиз. Цæуы Берлины уынгты ирон лæппу, хæстфæллад салдат æмæ йæ цæсгом хурау худы, цин кæны Фыдыбæстæйы циныл, фа\лæ тугхъулон фæндаг цæстытыл куы ауайы, уæд баризынц уæнгтæ, зæрдæйы хъæдгом райдайы дудын, æндæргау, цæсты- ты раз фест’ынц зынгхуыст фæдисонтæ. Фæцудыдта Самсоны æнæниздзинад æмæ йып дохтыртæ радтой дыккаг къорды инвалид, афтæмæй æрыздæхт йæ рай- гуырæн уæзæгмæ 1946 Ззы. Историйы ахуыргæнæгæн ма йæ лрограммæмæ бафтыд цыппар судзгæ азы æмæ йæхи цæстæп цы федта, цы бавзæрста, уыдон та уыдысты цæстуынгæ æрмæг. Куыста директорæй Едысы астæуккаг скъолайы, ахуыры хайа- ды хистæрæй Ручъы астæуккаг скъолайы, ахуыры хайады хис- тæрæй Хъемултайы астæуккаг скъолайы, партийы бахæсмæ гæсгæ колхозы сæрдарæй æмæ ныр та кусы историйы ахуыр- гæнæгæй Хъемултайы астæуккаг скъолайы. Иæ ахуыргæнинæгтæй бирæтæ райстой уæлдæр ахуырад, бирæтæ дзы систй Советон Æфсады афицертæ æмæ нæм арæх фæфыссынц фыстæджытæ. Мæнæ дзы иу. Козаты Хъазбег æм фыссы: «Зынаргъ ахуыргæнæг Багаты Самсон. Куыд хорз цы- 89
ди мæ ахуыры фæндаг. Æз дзы стыр буц дæн, уымæн æмæ мæ зæрдæмæ арфбахызтис, царды мидæг ды иууыл стырдæр аргъ рæстдзинадæн кæй кæныс æмæ дын Райгуырæн бæстæ æвæ- джиаг зынаргъ кæй у, уый. Дæуæй истон цæвиттон, æмæ мæ хъуыддæгтæ тылдысты рæстырдæм. Бузныг, стыр бузныг, зынаргъ зоидамонæг, мæ зæрдæ дын зæгъы царды иууыл стыр- дæр хæрзиуæг — æнæниздзинад. Мæнæ та ныр дæр бады Самсон. Хъуамæ радзура йе скъо- ладзаутæи, æрмæстдæр чингуытæ, кинофильмтæ æмæ хицæн -адæймæгты раныхæстæй хæсты хабæрттæ чи зоны, топпы фæз- дæг хъазæгау кæмæ кæсы, уыцы фæсивæдæн 1941 —1945 азты советон адæмы хъайтардзинады тыххæй. Хъуамæ ныффысса урочы пълан, фæлæ цæст куы ахаста æппæт дзуринæгтыл, уæд базыдта, цалдæр чиныджы дæр ын кæй не сфаг уыдзысты æмæ загъта: «Дзургæ, æнæ пъланæй, æрмæстдæр æцæгдзинад, мæхи цæстæй цы федтон, цы бавзæрстон, уый». Уын та уыд советон адæмы массон хъайтардзинад æвдисæг историон фæндаг. Самсон иуырдæм азылдта фыссæн сис, æрбахгæдта чиныг. Къæвда банцад йæ уарынæй. Рарухс арв. Мигъты ’хсазнæй ферттывта хуры цæст, акалди зæххы фæздæг. — Кæд дæ пълан фыст фæдæ, уæд рацу æмæ кæрдзын ба- хæр, — загъта йæ бинойнаг Зинæ æмæ фынгыл æрывæрдта хæ- ринæгтæ. «Уый раджы фæци фыст», хъуыды азылди Самсоиы сæры, сыстад, бацыд фынгмæ хæстæг æмæ йе ’мкъаимæ æрбадт «фынгыл йæ дыууæ фырты уæлийæ. ’
Цхуырбаты Иваи ДЫУУÆ ВАЛОДЯЙЫ :агулты Димитры фырт Валодя райгуырд 1925 азы Ленингоры районы Монастъеры хъæуы, Золоты Валодя та — Цæгат Ирыстоны Хуымæллæджы хъæуы. Дыууæ æвзонг лæппуйы базонгæ сты хæсты цæхæры Киевы цур æмæ æхсæз мæйы фронты раззаг хаххыл сæ сармадзантæй гитлеронтыл нæмыг, æнæвгъау, згъæлстой. Буц уыдысты дыууæ бæгъатыры се ’нтыстытæй. Алы тохы фæстæ дæр-иу кæрæдзийæн раарфæ кодтой, Ирыстонмæ-иу сæрыстырæй хъусын кодтой сæ ха- бæрттæ. Фæлæ.хæст æгъатыр у. 1944 азы советон арæнмæ æв- захс фæхицæнсты дыууæ хæлары. Хуымæллæггаг Валодяйы дарддæры хъысмæт нал базыдта монастъераг Валодя. Багулы фырт 1940 азы каст фæцис Цхи- лоны астазон скъо’ла, уый фæстæ дыууæ азы акуыста колхозы æмаз 1943 азы ацыдис Стыр Фыдыбæстæйоп хæстмæ. Багулы фырты|Мцхетайы æртæ мæйы ахуыр кодтой сар- -мадзанæй æхсын æмæ ссис арæхстджын артиллерист. Багулы фырт æмæ Золойы фырт иумæ сæрнбар кодтой Бе- 91
лая Церковь, Житомнр æмæ бирæ æндæр горæттæ. Золойьг’ фырт уыд сармадзаны фыццаг номер. Багулы фырт та дыккаг„ фæлæ тынг хорз зыдтой кæрæдзийы ролтæ дæр. Иу бон хуы- мæллæггаг артиллерист йæхи найынмæ рауад фæстаг эшелон- мæ. Тох уæд уыд сабыр, фæлæ та æвиппайды сцырын. Багулы фырт нæ тарст иунæгæй дæр, æхсын райдыдта знæгты, фыц- цаг сыл ауагъта хæлæн нæмгуытæ. Фашисттæ астæй фæмард сты, иннæтæ ма цæфтæй аирвæзтысты. Валодяйы цинæн нал уыд кæрон — знæгтæй астæй йæ маст систа, уæдмæ йæм йæ хуымæлæггаг хæлар æрыздæхт, æмæ та ногæй аивтыгътой сæ сармадзантæ. Гæрах. Знæгты пырхæнтæ та стахтысты у.æлдæ- фы. Афтæ Киевæй советон арæнтæм дыууæ хæлары куынæг кодтой знæгты. Белая Церковмæ хæстæг хъæуæй эсесонтæ аскъæфтой пу~ æвзоиг уырыссаг чызджы, дыууæ ироны сæ тæрсыны æхст фæкодтой, уыдоп, тарст цъиусуртау, аппæрстой сæ амæтта- джы. Багулы фырт æм базгъордта, чызг фырадæргæй рызтис, Валодя йæ æрсабыр кодта, стæй командирæй бар ракуырдта æмæ чызджы фæхæццæ кодта йæ мадмæ. Дыууæ сахъхъ ироны се ’мбæлттимæ æхсæвыгон ныббыр- стой иу стыр хъæумæ, бацахстой йын йе ’рдæг. Уым æрæхсæ- виуат кодтой советои хæстоптæ, хъæуы разындис тынг бира> знæгтæ, боны цъæхæй бацайдагъ тугкалæн хæст, гитлеронтæ хъæуы сæр — уырдыгмæ æдзух залпæй æхстой, цæмæй сове- тон хæстонтæм æххуыс ма бафтыдаид. Дыууæ Валодяйы, хъæууынгты сармадзантæй комкоммæ æхсгæйæ, зындоны хай кодтой фашистон лæгхорты, советон хæстонтæ фæуæлахиз сты знагыл. Советон Æфсад, мнты зæйау, фашистты ссæндгæ ахæццæ- арæнмæ, адард сты гитлеронтæ, Валодяитæ тындзынц размæ^ гитлеооп снайпер ма иу каст фæкодта советон арæнæй фæстæ- мæ аемæ ныхъхъавыд Багулы фырты рæсугъд худæндзаст цæс- гоммæ, æрылхъывта къæпсыр æмæ хъæбатыр ирон зæххыл. сæмбæлд. Золойы фырт йæ ха\лары агъд абаста æмæ азгъордта уы- мæн пæ маст исынмæ Багулы фырты ктах сдзæбæх кæныныл зæрдиагæй фæ- цархайдтой æфсæддоп хирургтæ, фæлæ йын фашистты нæмыг аскъуыдта йæ магъз æмæ йын æртæ мæйы фæстæ йæ агъд рæбыныл алыг кодтой. Иыддаргъ ыл сты Бакойы æфсæддон госпиталы æиæхуыссæг æхсæвтæ.. Валодямæ уырдæм ныххæц- цæ йæ мад Нуца, фæмаст’кодта йæ хъæбулы мастыл;Гфæ- лæ-иу йæхпцæн ныфс авæрдта: «Æгайтма шын удæгасæй(-баз- зад». *1») -% ,? , Æрыздæхт Ирыстонмæ дыккаг къордЫ инвалидæй^ Ва- Лодя, йæ риуæй тæмæнтæ калдтой хæстон хорзæхтæ. Хæстьг фа^стæ каст фæцис хынцæджы курсытæ, ссис фæлтæрд ныма- 92
-йæг бацыд Коммунистон партийы рæнхъытæм æмæ 1947 азæй (Ьæстæмæ кусы колхозы бухгалтерæй. Абреуаг коммунист Багулы фырты сæвзæрстой секретарæй ^мæ цæсгомджынæй æххæст кæны уыцы бæрнон куыст дæр. Валодя буц у йæ цардæй, амондджынæй хъомыл кæны йе -ртæ фырты æмæ йæ иунæг чызджы. Нæ йæ ферох кодта Со ветон хицауад дæр. Æрæджы йын балæвар кодтой ног авто- машинæ «Запорожец» æмæ йыл æрвылрайсом хъæлдзæгæй, зæрдæрухсæй фæуайы йæ куыстмæ. *
Джимиты Георги ЧАБÆХЛН | лагпрмæ бахæццæ стæм фæсахсæвæр. Зымæгон мпгъ нытътъæпæн ис зæххыл æмæ йæ уазал хъæбысы æрба- тыхта мынæггонд горæты. Æрмæстдæр хæстон машинæты рухс æрттывта мæйдары, бирæгъы судзгæ цæстытау, æмæ рухс цав- та халасгонд сырхæфсæддонты рæнхъытыл. Знаг лыгъдис Ирыстонæй. Фронт дардæй-дарддæр кодта æмæ Сырх Æф- сады хæйттæ цыдысты размæ, Хурныгуылæны ’рдæм. Мах фæндыдис фыдгулы къухæи цæф æмæ æфхæрд горæты уынг-, ты разилыи, фæлæ нæ хъыг дардта æхсæв. Афтæ нæм кастис,, цыма знагæй уæгъдгонд Алагир уыдис тарф фынæй, стыр хъи-^ зæмар æмæ фыдбонты фæстæ. Райсомæй æвзонг æмæ худгæ советон горæт æрбалæууыд нæ цæстыты раз тæригъæдда^ хæлдæй, афтæ ма æрбалæууы лæгæн йæ зæронд хорз æмбал фыднизы фæстæ. Адæймаджы цæст бакæсын нæ фæрæзта^’цæ- рæн хæдзæрттæ æмæ уагдæттæм. Æнкъардæй лæууыдысты .Алагтрансы гараж æмаз хъæдæрмæджы^ фабричы сыгъд къултæ. 94
Бирæ хабæрттæ нын радзырдтой алагирæгтæ фæллойгæ- '11æГ адæмы хихъæппæрис æмæ хъæбатырдзинады тыххæй, стæй немыцы æфсæдты æдзæсгом, æнахъинон æмæ сырдон хъуыддæгты тыххæй дæр. Кæй зæрдыл цæ. лæууы Алагиры цæрджытæй зæндджын, хæрзæгъдау, сабыр ’крон чызг.Баситы Чабæхан. Уый каст фæ- ц’цс литературон факультет Цæгат Ирыстоны педагогон ин- ституты æмæ куыста ахуыргæнæгæй Алагиры. фропт куы ’рбахæстæг æмæ скъолатæ рæстæгмæ æхгæд куы ’рцыдысты, уæд та райдыдта кусын Алагиры районы га- зет «Раздзоджы» корректор æмæ литературон кусæгæй. Не- мыц куы æрбабырстой, уæд Чабæханæн, йæ мад Тамар æмæ пæ кæстæр æфсымæр Тасолтанæн алидзын сæ къухы нæ баф- тыдис æмæ баззадысты горæты. Тасолтаи уыдис хистæр лейтенант æмæ фæсцæф рæстæгмæ сæхимæ ссыд. Сæ хæдзары æрцардис немыцаг майор йæ тæл- мацгæнæгимæ. Иу цалдæр боны Чабæхан йæ ныфс нæ хаста уынгмæ ра- цæуын, бадтис æд бинонтæ сæ кæрты, уазал акъоппы, чысыл- иу æхст куы фæсабырдæр, уæд та-иу бацыдысты уатмæ. Сæ сыхæгтæй-иу сæм исчи куы ’рбауадис, уæд-иу æй афарстой ха- бæрттæй. Фæлæ хорзхабарæй ницы уыдис уыцы заманы. Не- мыц стыгътой адæмы, ахстой партион æмæ советон кусджыты, колхозонты, фыдмитæ сын кодтой æмæ сæ мардтой. Радзырд- той сын, куыд æрбацыдысты немыц зæронд ус Дзалаты На- дежмæ æмæ йын куыд хъавыдысты акæнынмæ, ^цы фæстаг сæгъ ма йæм баззад, уый. Фæлæ Надежæн йæ къухы бафтыд сæгъы бамбæхсын æмæ йæ немыц нæ ардтой. Уæд зæронд усы фыднад скодтой топпытæй, тымбыл къухæй. Куыд æрхастаид Надеж йæ сæр нывондæн сæгъы тыххæй. Радта йæ æмæ йæ аластой. Фæлæ немыцы хæдфæстæ æрбалæууыдысты румынæг- тæ æмæ та уыдон дæр бацагуырдтой сæгъ. Цæй сæгъ ма сын радтаид мæгуыр зæронд ус!* Уæд та уыдон дæр ралæууыды- сты усыл, цæмæн радтай сæгъ немыцæн, махæн æй цæуылнæ пыууагътай, зæгъгæ, æмæ йæ мæлæтдзаг фæкодтой. Лæмбынæг хъуыста Чабæхан уыцы хабæрттæм, йæ туг фыхтис йæхимидæг фырмæстæй æмæ йæ зæрдæ уынгæг кодта паз адæмы уæззау уавæр æмæ æфхæрддзинадыл. Чысыл йед- тæмæ йæ нал’ хъуыдис ныббогъ-богъ кæнынмæ æмæ йæхи ба- уромынæн куынæ уал уыдис, уæд схызтис акъоппæй æмæ ра- цыдис кæртмæ. . - Уазал зымæгон. мæй уæлиау ссыдис арвыл; цæхæр калд- той стъалытæ. Цæхæрадоны æнцад лæууыдысты митыл бæлæсты аууæттæ. Советон хæдтæхæг зилдух кодта кæмдæр горæты сæр- мæ. йæ нысан агурга|йæ. Немыцаг хæрдмæхсæн сармадзантæ йыл æрра куыйты рæйд'':{кодтой. Сарайы, цæджындзы рæбын/лæу- уьтдис немыцаг майор йæ тæлмацгæнæгимæ, æмæ кастысты 95
хæрдма\ Сармадзаны, гæрæхтæм разгъордта Тасолтан дæр, Чабæханæн тæрсгæйæ, æмæ йæ размæ бауад. Гыбар-гыбур кодтой, ихуарæгау, хæдзæртты сæртыл нæмгуыты къæрттытæ. Æвæццæгæн, хæдтæхæг ссардта йæ нысан æмæ йыл æркалдта бомбæтæ. Зæхх ныррызти се срæмыгъдæй. Фæлæ хæдтæхæг йæхæдæг дæр бахауд зын уавæры. Йæ алыфарс хæстæгæй-хæс- тæгдæр хæлдысты знаджы сармадзаны нæмгуытæ, иуырдæм дæр æй нал уагътой атæхын. Хъуырдухæн кодта аирвæзыныл. Майор цыдæр загъта йæ тæлмацгæнæгæн æмæ сыл дыууæ дæр бахудтысты. Фæлæ мæнæ хæдтæхæг йæхи æвиппайды систа уæлиау æмæ афардæг. Тасолтанæн йæ цæстыты ферттывта æхсызгондзинад, фырцинæй йæхи нал баурæдта æмæ сæм- дзæгъд кодта. Майор æм мæстыгæр каст фæкодта, цыдæр загъ- та йæ тæлмацгæнæгæн. Тæлмацгæнæг Тасолтаны афарста: —Æлсызгон дын у, большевикты хæдтæхæг кæй аирвæз- тис, .уый? — Искуыма лæгæн йе ’фсымæр мæлæтæй куы аирвæзы, уæд æхсызгон нæ вæййы? .— зæгъгæ, йын дзуапп радта худæн- дзастæй Тасолтан. — Майор дæм йæ уатмæ сиды, — сонт дзырд скодта тæл- мацгæнæг æмæ арастис йæ хицауы фæстæ. Сæ фæдыл бацы- дис.уатмæ Тасолтан дæр. Чабæхан тарстхуызæй кастис сæ фæдыл æмæ мæсты кодта Тасолтанмæ йе ’гæр æргом æмæ æнæрхъуыды пыхæстыл. Стæй базгъордта уаты дуармæ æмæ йыл рахæцыд, фæлæ дуар разынд æхгæд. Удаистæй лæмбынæг байхъуыста мидæмæ. Уатæй хъуыстис йе ’фсымæр æмæ тæл- мацгæнæджы мынæг ныхас. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу райхъуыс- тысты майоры æнад нёмыцаг дзырдтæ, уымæй уæлдай нæ хъæлæба хъуыстис, нæ хъуырдухæн. Цыбыр рæстæджы фæстæ рацыдис Тасолтан. Йæ цæсгом уыдис мæстыхуыз, фæлурс. Йæ былыл æрхауынæввонг æрт- тывта стыр туджы æртах. Чабæхан ын ,йæ къухыл фæхæцыдис æмæ йæ сæхи уатмæ баскъæфта. Тамар æм тарстхуызæй базгъордта æмæ йын йæ былтæ уыдта. — Нæмгæ дæ фæкодтой? — зæгьгæ йæ афарста Чабæхан. хуылыдз кæлмæрзæнæй туджы ’ртах сæрфгæйæ. — Нæ, «сихор мын хæрын кодтой» æмæ сын нæ бакуымд- тон, — уæхæдæг мын цы ад кæиут, уæ хæрииаг дæр уый*, зæгъгæ, сын загътон. Уыдон дæр мын мæ былтæн иу ныддауд- той... Фæлæ тæрсгæ ма кæн, нана, уыдон ам бирæ нæ базз.ай- дзысты. Арæхæй сын ныккалдзысты сæ туг æмæ сæ куыдзы тард акæндзысты. ..,.' -$• - — Цал хатты дып лæгъзтæ кодтон, дæхи ацы æрр.а би- рæгътæй хъахъхъæн, фæлæ уæддæр нæ кæсыс коммæ, -^ ба- I уайдзæф ын кодта Тамар. $ — Лæг нæ, фæлæ сæм дур дæр нæ бауромдзæн йæхи. Ме 96
’са’фт сæ Уынын- ^æ УЬ!НДæй ДæР мæ цæстытæ риссынц, — ^гй чысыл ахъуы’дыйы ’фæстæ йæ хойæн загъта: — Чабæхан, дæуæй мæ бæлвырд рафæрс-бафæрс кодтой. Цæмжндæр сæ хъæуыс. Зæгъгæдæр мын афтæ кодтой: «Хатыр, дам, Дьш кæнæм ацы хатт дæ хойы тыххæй». ’— Чабазханæн йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Тарстхуызæй афарста йе ’фсымæры:' — Ау, æмæ сæ цæмæн бахъуыд-^н? Кæд дæм æнæ уый афта» кæсы? — Чидæр сын сæ хъусты бацагъта, ды литературон фа- к\льтет каст фæдæ æмæ газеты куыстай, уый. Уатмæ бацыдис немыцаг унгер-афицер æмæ, æнæ бафæрс- гæпæ. йæхи бандоныл уæззау æруагъта. Хо æмæ æфсымæр сæ ныхас фæуагътой. Унтер-афицер счуыфыдис æмæ æнхъæлмæ каст, ныртæккæ хæдзары хицæут- тæ мæ разы сæ уæрджытыл бырдзысты, зæгъгæ. Фæлæ би- лонтæ бадтысты æнцад æмæ йæм кæсгæ дæр пæ бакодтой. Афлцер сыздыхта стыр бапъироз æмæ йæ сдымдта. Бауадис 15—16 аздзыд чызг, Хацъæты Зинæ. Уый уыдис Чабæханы ахуыргæнинаг, æмæ-иу æй арæх абæрæг кодта. — Ды цы куысты сæрыл хæст уыдтæ? — афарста афицер, уырыссагау æрдæг цъæррæмыхстытæй дзургæйæ, Чабæханы. — Æз ахуыргæнæгæй куыстон. — О!.. Ахуыргæнæгæй!.. Уæдæ хъуамæ бирæ сывæллоны царм систаис ды, и?1 — Махмæ ахуыргæнинæгты нæмгæ нæ кæнынц. Не ’гъдау нæ амоны, — загьта Чабæхан, ныхас фæлыг кæнынмæ тырнгæ- • пæ. . Уитер-афицер бахудтис. — Æвæццæгæн уæ Сталин нæ уадзы, нæ? — О, Иосиф Виссарионы фырт Сталин! — загъта хъæд- дыхæй Чабæхан. — О, о, Сталин æвзæр лæг у уæд. Мах фюрер, мах Гитлер афтæ зæгъы, сывæллоны, дам, цас тынгдæр нæмай, уыйас хуыздæр лæг рацæудзæнис. Чабæханы цæсгом туджы афæлдæхт. Афицеры æдылы дзæнгæда цæгъдынмæ æрбамæсты æмæ йын комкоммæ загъ- та: — Сымахæн уæ Гитлер у бандит æмæ хъомыл дæр кæны йæхи хуызæн бандиттæ. Сталины ном та сдзурын дæр куыннæ уæндат, афтæ!. Унтер фырмæстæй йæхимидæг рафыхтис æмæ йæ ливор- маэ фæлæбурдта: ;«у — Ды коммунисткæ дæ!.. Тамар унтер щиæ Чабæханы æхсæн йæхи баппæрста æмæ йæ хъæбулы йæ аууон бакодта. Зинæ Чабæханы къухыл фæ- хæцыдис: 7* 97
— Чабæхан, мæ уды гага, ма йæм дзур. Амардзæн дæ. Гæппæввонгæй лæууыдис Тасолтан æмæ цырд кастнсг унтерæн йæ алы фæзылдмæ дæр. — Сымах адæм сты сæрхъæн адæм! — зæгъгæ, хъæр кодта унтер-афицер, йæ сæт калгæ, æнæфсарм æлгъыста немыцагау, фæлæ Чабæхан дæр æмæ Тасолтан дæр сæхи ныхъхъæбæр- кодтой æмæ ницы дзырдтой — сæ уæлæ зындис, тынг зын сып кæй у сæхп уромын, уый, фæлæ гæнæн ницы уыдис. Афицер хицауы хуызæн уаты дуууæрдæм рацу-бацу кодта. Стæй æр- лæууыд Чабæханы комкоммæ. — Мах хъæуы хорз немыцаг газет уадзын сымах æвзагыл. Ды кусдзыпæ уыцы газеты, — алыг кодта бардзырддæттæгау. — Райсом аст сахатыл æз æрбацæудзынæн ардæм, дæумæ. 0, хопз, иттæг хорз!.. — зæгъгæ, æмæ ацыдис. Бинонтæ баззадысты стыр сагъæсы. Йæ мад, йе ’фсымæр æмæ йæ ахуыргæнинаг Зинæ кастысты Чабæханмæ: «Цы зæгъ- дзæнис, цы æрхъуыды кæндзæн ахæм бæллæхæй фервæзыны тыххæй?..» Чабæхаи та, Цавддурау, лæууыдис æмæ кастис ун- теры фæдыл. — Уæдæ мæ уый тыххæй фарстой афтæ бæлвырдæй дæу тыххæй? — зæгъгæ, сдзырдта æрæджиау Тасолтан. — Гъе, уымæй тынгдæр ницæмæй тарстæн, — загъта Ча- бæхан, йæ ахуыргæнинаджы хъæбысы аныгъуылд æмæ ныб- богъ-богъ кодта. Æхсæвы йæ фырмæтæй хуыссæг дæр нал ахста. Гобаныл уæлгоммæ хуысгæйæ, хъуыды кодта йæ уæз- зау уавæрыл. Кæцæйдæр дардæй хуыфыдысты сармадзантæ. Уый немыцы æфсад бырстой нæ республикæйы сæйраг горæт — Орджоникидземæ. Чабæхан æй зыдта, йæ адæм æмæ йæ бæстæ тынг тас æмæ уæззау уавæры кæй сты, уый. Фыцца- джыдæр æм æрцыдис алидзыны хъуыды, стæй уæд партизан- ты ссарын æмæ уыдоны æмрæнхъ немыцы ныхмæ тох кæнын.. Фæлæ куыд?! Немыц Алагир куы бацахстой, уæдæй нырмæ- æппындæр уынгмæ нæма ракаст æмæ йæ чи хъæуы, уыцы адæмæй никæй федта. Ныр йæхимæ мæсты кодта, цалдæр бо- ны æнæ пайдайæ кæй арвыста æмæ кæй ницы æрхъуыды код- та, уый тыххæй. Иæ къухы алидзын куынæ бафта, уæд цы зæгъдзæни^ райсом немыцагæн, цы ’фсон ын скæндзæн, уый дæр нæма;г зыдта. Боиыцъæхтæм фæлæууыдис’ афтæмæй хуыссæны, йæ фадæттыл хъуыдытæ кæнгæйæ. Йæ фарсмæ хуыссыдис Зинæ.. Хатгай-иу тарстæй фехъалис æмæ иу сонтæй фæхъæр кодта: «Æхсынц, æхсынц!.. Бомбæтæ!» Чабæхан-иу æй басабыр кодта чысыл сабиау æмæ-иу уæд арфдæр ныббырыдис йæ хъæбысы æмæ та-иу афынæй ис. ; :.'• | Райсомæй раджы, цалынмæ унтер нæма ’рбацыд, уæдмæ ’йæ мады кæлмæрзæн акодта Чабæхан, рацыдис сæ хæдзарæй æмæ ацыдисуынджы дæлæмæ, кæд нæхиуæттæй искæуыл фем- 98
бæлип, зæгъгæ. Фæлæ уынгты змæлæг нæма уыдис. Немыцы цатрултæ æнæууæнк каст кодтой йæ фæдыл. Алырдыгæй зын- дысты хæдзæртты хæлддзæгтæ. Кæдæм цыд, уый æнæмбаргæ- #æ, ныххæццæ «Раздзоджы» редакцийы размæ. Редакци уыдис пы’рх. Мыхуыргæнæн станоктæ лæууыдысты фæлдæхтæй, лæ- джы зæрдæ мæгуыр кодта уыцы заууаты нывмæ кæсынæй. Ча- бæханæн йæ зæрдæ ’хсайдта йе скъоламæ, йе ’взонг уарзон горæтмæ, æмæ ацыдис зæрдæрисгæйæ уынгты дарддæр. Рай- комы агъуыст лæууыдис афтидæй, пырхгонд гом рудзгуыты æмæ дуæртты æхситт кодта зымæгон судзгæ уазал æмæ йæхи хоста агъуысты салд къултыл. Чабæхан ацыдис йе скъола бæрæг кæнынмæ. Скъола дæр уыдис пырх. Сидзæрхуызæй йæм кастысты афтид къултæ. Мидæгæй цалдæр салдаты æфтыдтой пъолы фæйнæджытæ сугæн. Чабæхан æрлæууыд æмæ æнкъардæй кастис уыцы æвир- хъау хъуыддагмæ. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты хъæлдзæг æмæ райдзаст ахуыры бонтæ. Иæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ ахуыргæнинæгтæ... Ныр та?! Кæм сты уыцы рæзгæ сывæл- лæттæ? Иутæ дзы æрцыдысты мард, немыцы бомбæтæй, ин- нæтæ та ацы уынгæг бонты бадынц уазал æмæ уымæл акъоп- пыты сау хъæды мидæг, бæгънæг æмæ æххормагæй, немыцæй æмбæхсгæйæ. — Е-ей маткæ, рауай, аххуыс нын кæн! — зæгъгæ, йæм радзырдта салдæттæй иу. — Цæмæн халут скъолатæ? — афарста йæ, мæстæй мæл- гæйæ, Чабæхан. — Советон адæмы ад нын кæнынц æмæ уымæн, — загъ- ’та мæстæймарæгау салдат. Чабæхан ацыдис уынгты дарддæр. Уый уыдта йæхи цæс- тæй, куыд фалгæрон кæнынц рынчындæттæ, скъолатæ, музейтæ азми’ цыдæриддæр сæ къухы æфты, уый. Уыдта сын сæ «ног æгъдау», сæ хуыснæггаг æмæ адæмы стигъыны æгъдау. Мæлæг æмæ мæгуырдзинад чи хæссы æмæ адæмыл арт чи æфтауы, уыцы фашистон «ног æгъдау». Хетæгкаты Къостайы музей дæр уыд пырх. Ирыстоны фысджыты æмæ нывгæнджыты сфæлдыс- тад æмæ музейы гæххæттытæ ракалдтой немыц æмæ сæ куыд сызмæетой, афтæ ныссалдысты цъыфы мидæг. Чабæхан раздæх- гис, иетытæ дзь: рамбырд кæнон, зæгъгæ, фæлæ йæ немыцагпат- рултæ ауыдтой, асхуыстой йаз æмæ йыл фæхъæр кодтой «айда айда:>, зæгтггæ, аЕТОматтæй æртхъирæн кæнгæ. Фырмæстæй йæ цæсгом атар ис :чызгæн. Фæлæ йæ бон ницы уыдис. Ацыдис дарддæр. Иæ рустыл згъæлдысты йæ цæссыгтæ æмæ уазал дым- гæмæ салдысты. Октябры уынджы цавæрдæр салдат фыста хъавгæ, урсахорæнæй, н’ог уынджы ном «Дорæ Штрассе». Аив- той Къостайы уыщхжы ном дæр, Къостайы номы бæсты дзы ныффыстой «Ленæ';Штрассе», зæгъгæ. Иу минутмæ ахахх кодтой ир’он адæмæн йæ кадджыидæр æмæ уарзондæр поэты — æмби- 99
сонды культурон кусæг æмæ архайæджы æмæ дзы уый бæсты ныффыстой цавæрдæр немыцаг къахбайы ном. Чабæхан цы федта æмæ цы фехъуыста йæ горæты, уымæй æрбацыдис сæхи- мæ стыр зæрдæрыстæй æмæ судзгæ маст арф ахъардта йе уæнг- ты, сыгъта йын йæ зæрдæ, йæ адæмы амонд ын кæй байстой æмæ йын йæ худгæ райгуырæн бæстæйы цард кæй фехстой та- лынг ранмæ, уый тыххæй. Йæ бацыдмæ йæм сæхимæ æнхъæлмæ кастис немыцаг ун- тер-афицер: уый æрбацыдис, куыд загъта, афтæ, аст сахатыл >æмæ тынг мæсты кодта, Чабæханы сæхимæ кæй нæ баййæфта, ууыл. Мæнгард худт кæнгæйæ загъта, йæ сахатмæ æркæсгæйæ: — О, хорз нæу, хорз нæу афтæ кæнын, адæймаг хъуамæ хй- цау уа йæ дзырдæн дæр æмæ йæ рæстæгæн дæр... Цæй, цом куыстмæ. Чабæхан йæ кæлмæрзæн систа æмæ йæ бандоныл æрæ- вæрдта. — Иæу мæнæн мæ бон сымахимæ кусын. — Уæд цæй тыххæй? — Æз немыцагау нæ зонын,— загъта сабыра^й Чабæхан. Немыцаг бахудтис: — О, уый ницы кæны. Мах уал уадздзыстæм немыцаг газет :ирон æвзагыл. Фæстæдæр та дæ арвитдзыстæм Германмæ, Бер- линмæ, æмæ дæ ахъаззаг сахуыр кæндзыстæм немыцагау. -—Нæу мæ бон, стæй ницæй тыххæй кусдзынæн сымахп- мæ, — загъта та карзæй Чабæхан. Уæдмæ бацыдис Чабæханмæ, «Раздзоджы» чи куыста, ахæм хи бæстæйы уæйгæнæг æмæ йын зæрдиагæй райдыдта лæгъзтæ кæнын. Ома, дам, немыц, тынг æхсызгон сæ чи хъæуы, ахæм га- зет уадзынмæ хъавынц æмæ сæ къухты не ’фты. Чабæхан сын куы баххуыс кæна, уæд ын уыдон дæр стыр ахъаз фæуыдзысты. О, уыдон зонынц ахъаз кæнын. — Тагъд мæ хæдзарæй дæхи айс, зæххылбырæг, — зæгъгæ, йыл фæхъæр кодта Чабæхан. — Хъусыс, дæ дымгæ дæр куыд нæ уа ам, афтæ. Фæлæ уый йæ куыдзы цæсгом ныффидар кодта æмæ нæ цыдис. Лæууыдис немыцаджы фарсмæ æмæ йæм, йæ фæсдзæун- нау, цагъайраджы бакæс-бакæс кодта. Афицер, йæ цæстытæ æрдæгныкъуылд æркæнгæйæ, загъта: —О, Орджоникидзе капут! Грозный капут! Советский власть ,капут!.. — Стæй чысыл рæстæджы фæстæ йæ хъуыды ахæццæ кодта кæронмæ: * • " л , . — Мах дын ратдзыстæм æхца, бирæ æхца... Мах æхца сове- тон æхцайæ фылдæр ахадынц, бирæ хуыздæр сты!.. ,;; Чабæхан ын ницы дзуапп ’радта, ома æз демæ ныхасгонд фæдæн, уый æмбарын кæнгæйæ. Афицер ба’мбæрста Чабæханы, йæ цæстытæ туджы разылдысты æмæ йæ цæхгæр афарста: 100
— Нæ дæ разы? Нæ дæн! — загъта хъæбæрæй Чабæхан. — Уæдæ дæ, æвæццæгæн, Сталинæн кусын фæнды? — фæ- хъæр ыл кодта афицер. — О, Сталинæн, ахуыр дæр мæ уый тыххæй кодта! Лфицерæн йæ дæндæгты къæс-къæс ссыдис: — Хо-о-р-зз!.. Иттæг хорз!.. Ныртæккæ фендзыстæм!. — уыиы ныхæстыл згъорæгау акодта уатæй. Йæ фæстæ æрбацы- дæрис гадзрахатæйцæуæг дæр. Мад йæ чызгмæ бакастис. — Мæ къонайыл, æна, Чабæхан, исты фыдмитæ дын сараз- дзысты. — Маргæ мæ куы кæной, уæддæр сын не сразы уыдзынæн кусыныл. Æмбарыс, нана, уыдон чи сты, уый?.. Залиаг калмæй • дæр фыддæр сты. Адон немыц сты!.. Цалдæр минуты фæстæ æрбаздæхтис афицер æд салдæттæ. ’ Цу .хатт ма афарста Чабæханы: — Иæ разы кæиыс? \ — Æрыдоны дон нæ бакомдзæн сымахæн хæрдмæ аздахын. Хур йæ зылд нæ аивдзæнис’. Хæххон цъититæ уын сæ уæрджы- тыл не ’рлæудзысты, — загъ^а сæрыстырæй Чабæхан. Афицер ацъæхис фырмæСтæй. Йæ хъæлæсыдзаг, сæт кал- гæйæ, радта командæ. , - Салдæттæ акодтой Чабæх-аны, йе ’фсымæр Тасолтаны æмæ<" йæ мад Тамары. \ Уый фæстæ сæ фендæуыди^с ахæстоны. Чабæханы рацæй-; кодтой фарста кæнынæй. Уыдой дзы агуырдтой, цæмæй сын сæ къухмæ радтаид коммунистты æ,мæ советон кусджыты. Йæ цæс-.' гом уыди цъæхтæ, тугæйдзаг, надвæд. Куы йæ фæцæй кодтой, уæд ма ныхъхъæр кодта: \ — Ауындзгæ мæ куы ’ркæной, кæрдæнтæ мæ куы скæной, >«х1ддазр сын ницы зæгъдзынæн, сæ къухы ницы бафтдзæн. '• Фашистон газет ирон æвзагыл нæ рацыдис. Фæлитой Геб- бсльс а*мæ йæ æрдонгæи нæ бафтыд сæ къухы прон æвзагыл уагъд газетæй адæмы сайын. Нæ дæр æхцайæ уыдис сæ бон балхæнын немыцаг куый- чярн, нæ дæр фыдмитæй æмæ мæлæтæй тæрсынгæнгæйæ сыгъ- Дæгзæрдæ советон адæймаджы сæ мæнгард фыдвæндагыл аз- Дахын. Тасолтан йæ мада»н цы ныхæстæ дзырдта, уыдон æрцыды- сты. Ара\\æй ныккалдтой сырхæфсæддонтæ немыцы туг æмæ сæ куыдзы тард фæкодтрй. Ллагир суатъд ’æмæ фæстæмæ йæ фыццаджы уагмæ цæ- •уьш байдыдта. ÆК(8)П-йы райкомы секретарь бадтис йе стъо- лы уæлхъус, йæ рахиз къухы раз йæ фæллад уагъта йæ автомат. Æиæсцухæй йæм цыдысты районы кусджытæ советон æмæ хæ- Дзарадои куыст пæ б.ынаты сæвæрыны хъуыддæгты тыххæй. Тел- 101
хъæдтæм бы-рыдысты кусджытæ æмæ арæзтой бастдзинад. Лыгьд адаам ЗДæхтысты фæстæмæ хъл?да?й сæ хл\дзæрттæм. Цы- дысты уæрдæттæй, фистæгæй, сæ дзауматæ се ’ккæйтты, афтæ- мæй, иуæй-иутæ та са^ уаргъæй хастой хъуццытыл. Адæмæй алкæмæн’дæр уыд фыст йæ цæсгомыл æнæкæрон циндзинад. Кæрæттæй хъуысыдысты срæмыгъды гуыппытæ, — уый махонтæ хæлдтой, немыц нæ зæххыл кæй байтыдтой, уыцы минæтæ. Иу зæронд ус рацыдис йæ æрдæгсыгъд хæдзарæй. йæ къу- хы рахаста чъыры ведра æмæ мачалка\ æвæццæгæн, цагъта, исмыц ын кæм фæривæд кодтой, уыцы уæттæ. Йæ хæдзары къулыл цы немыцаг фыстытæ уыдис «Лснæ Штрассе», зæгъгæ, уыдоныл батутæ кодта «тпу-тпу, ме ’нæуынон фæ>т», зæгъгæ, Ахъаззаг сæ чъырæй байса рста æмæ къулыл а?рда?г цъæррæ- мыхстытæй ныффыста «Хетæгкаты Къостайы уынг». Æрцыдис та Ирыстоныл Сырх Æфсады руаджы советол уалдзæг. Адæм тг бавнæлдтой сæ куыстмæ уæлдай æхсызгондæрæй, æгас кæ- иынц, немыц цы хъæдгæмттæ ныууагътой, уыдон. Байгом та сты скъолатæ дæр. Сывæлла?ттæ сæм згъорынц нингæнгæ. Фæлæ нал ис семæ сæ уарзон ахуыргæнæг, йæ уд сын нывондæн чи ’рхаста æмæ й.æ амæлæты онг йæ ада^мыл иузæрдион чн уыд, уыцы фæскомдæдисон чызг Чабæхан. Æрæджы Чабæханы, йе ’фсымæр Тасолтаны æмæ сæ мал Тамары, ноджы ирон адæмы хъæбултæй дыууадæсимæ, фыдмп- тæй мардæйссардтой иу ингæны. Скъахтой сæ адæм, кадима? сæ баныгæдтой æмæ сын сæ уæлмæрды ныссагътой рæсугъд дидинджытæ. Аивгъуыйдзысты ноджыдæр бонтæ æмæ азтæ, къæм дæр нал баззайдзæн нæ бæс- тæйы сæрма^ т^джы сау мигътæй. Куыйты хæринаг бакæндзысты цъаммар фашистты. Сæрибар æмæ амондджынæй цæрдзысты нæ адæм советон зæххыл æмæ мыггагмæ сæ зæрдыл дардзысты тызмæг æмæ -карз рæстæджы, нæ Райгуырæп бæстæйы сæрыл знаджы ныхмæ хящгæйæ йæ» уд чи радта, уыцы патриотты. Æмæ уыдонимæ сæрыстырæй мысдзысгы ирон адæмы ахсджиаг чызджы — Баситы Чабæханы дæр. а
Гигдочты Алисолтан знлджы чъылдыммæ æрмагонд хæслæвæрд а\\хæстгæ»на»г батальоны ко- мандир М. С. Прудниковмæ диссаг фæкасти, фронтач! йæм -Ма^скуымæ куы фæсидтысты, уа^д. Ца»мæй зыдта, парти йын ноджы бæрнопда»р хъуыддаг кæй фæдзæхсы. Уый коммунистты «•м.г фæскомнæднсонты чысыл къордима» хь\ама> ацыданд зиг.джы мъылдыммæ «гма» уым рапарахат кодтапд партизанты — Ныртæккæ стут да>с æма- ссæдз адачшаджы, фа»стæдæр та хъуамæ бауат сæдæгæйтта*, мингæйттæ. Уадз а^пг оккупаш- ты къæхты бып зæхх судза, — афтæ фæдза»\ст сып æрцыд. Къордæн ра.ноп ном «Нсуловимый». Араст «Пеуловимый» дпрд æм«т вазыгджын балцы. Æнцо- нэой й«г ктухы нд» бафтыд фронты арæныл знаджы чъылдыммя «ахтпзын: кæдæм бацæуай, кæц«æй раца»уай, кæм æрлæууай, -- алы ран да»р хъахъх1>æп дæхи. Ноджы зындæр уавæрты та ба- Хаудтг оккулацигонд хъæуты. Йæ алы кьахдзæф да*р баст уы- 10}
дис лæгæй-лæгмæ фашнсттпмæ фембæлынимæ, хъуыдис къæрц- хъус, цырддзаст, алы минуг дæр тохмæ цæттæ уæвын. Бирæ тухæнтæ æмæ хъизæмардзинæдты фæстæ къорд йæ фæллад суадзыны тыххæй æрбынат кодтам Борисоглебскмæ хæс- тæг иу чысыл хъæуы. Цалдæр сахаты афынæй кодтой æма> сæ фæллад æрбайсæфт, фæбадт къæхты рæсыд, се ’муд æрцыдысты. Сæ дарддæр фæндаг уыд Внтебскы областмæ, хутор За- бельемæ. Уым хъуамæ сара^зтаиккой сæхицæн базæ æмæ рай- дыдтапккой хæстон архайдтытæ. Фæлæ гитлеронтæ æнæаххос, сабырцæрæг советон адæмæн цы хъæддаг митæ кодтой, уыдон ноджы тынгдæр рафыхтой партизанты маст, æмæ сæ бафæндыд ныртæккæ, æвæстиатæй знагæн тыхджын цæф ныккæнын. ...Сабыр зымæгон æхсæв уынæр дардмæ хъуысы. Хъустыл уайы паровозы уасын. Фашисттæ ласынц ног тыхтæ фронтмæ. Прудниковы разведкæ куыд сбæрæг кодта, афтæмæй станцæ Опухликийы лæууынц знаджы бронепоездтæ. Станцæйы цур — æфсæнвæндаджы хид. Уый срæмудз, уæд бронепоездты, знаджы эшелонты фæндаг æхгæд æрцæуид. Уырдæм арвыстой цалдæр адæпмаджы, фæлæ сæ къухы ницы ^эфтыд. Уæд хъуыддаг йæ> химæ райста командир, æмæ срæмьи^ътой хид. Сау фæздæг бæр- зоид ссыдис хæрдмæ, уæлдæфмæ тактысты æфсæйнаджы цъæл- тæ æмæ спъалтæ. / Уый уыдис фыццаг «салам» гптлеронтæн, кæй бацахстой, советон уыцы зæххыл. Уый уыд, къ’орд фронты сæрты куы ахыз- ти, уымæп дæс боны фæстæ. / Хутор Забельейы патриоттæ/æнæнхъæлæджы бахаудтой, "лпнсн кæм цардис, ахæм хæдзармæ. Шпион фæдфæливæнта^ кодта, фæлæ нын пе ’цæг цæсгом раргом кодтой. Уымæ ра- зынди коммупистты номхыгъд, I гитлеронтæи хъусынкæнинаг ахсджпаг æрмæг. Æрмæг аскъуыдтоп, коммунистты номхыгъд га са’хпмæ ныууагътой. Уый сын фæстæдæр феххуыс бынæттоп комм^ппспимæ бастдзинад саразы’нæп. ...Быналтоп адæмы æххуысæп къухы бафтыд, Полоцкы гора>тгæрои зпаджы артаджы стыр базæ кæй ис, уый æмææндæр ахсджиаг хъуыддæгтæ базонын. Исты кæнын хъæуы. Фæлæ куыд? Архайыны тыххæй сæм цы пълантæ сæвзæрд, уыдоиы фæдыл с "чхас кæнын хъæуы Мæскуыимæ. Радиостанцæйа* адзурыны фадат пæ уыд уавæрмæ гæсгæ. Æмæ сфæнд кодтой цалдæр адæнмаджы Мæскуымæ арвитын сæрмагонд хъусын- гæпинагпмæ. Уып дæр къухы нæ бафтыд — знаг сæхгæдта бæлццæтты фæндаг. Æрцыд сыл зиæнттæ дæр. Мæскуыимæ и^- ты хуычы бястдзинад саразын хъуыд радиостапцæйæ. Æнд^’Р ницы гæиæн уыд. / V' Куыд рабæра^г, афтæмæй фашисттæ базыдтой, сæ чъыл- >дыммæ цавæрдæр советон патриотон къорд ’кæп архайы, уый. Хуымæтæджы пæ уыдис, Сычевы æмæ Крутелевы цæрджытæм кæн æртхъирæитæ кодтой, ам чи уыдис, уый зæгъут, за^гъга\ 104
уый. Быпæттои цæрджытæ немыцæгтæн дзырдтой, цыма уыцьг хъæуты уыдис партизанты стыр къордтæ бирæ хæцæнгæрзтимæ. Лфтæ хуыздæрæн бакодтой. Гитлеронтæ хæлиу кодтой мæнг хабæрттæ, Сырх Æфсад пырхгонд æрцыдис, зæгъгæ. Æмæ, дам, уадз æмæ зопой, уьг" афтæ кæй нæу. Фæлæ гитлеронтæ дæр уы- цы иыха^сты фæстæ фылдæр хъæуты равæрдтой постытæ, бæрæг кодтой алы адæймаджы дæр. Мæскуымæ æрвыст чи цыдис, уыцы патриотты дæр, æвæццæгæн, уымæн бафиппайдтой Осиновкæйы. Уалдзыгон хуры тынтæ бæлæстæй систой урс пæлæз, фæлæ мл зымæг ныхмæ лæууыдис. Хъæды нырма ис миты ставд тъы- фылтæ, тайын райдыдтой сабыргай, æвæндонæй. Апрель. Изæр. Лæнчы æрталынгтæ. Æртæ къордæй пат- риоттæ араст сты ног хæс сæххæст кæиынмæ — срæмудзын хъуыдис æфсæнвæндаджы хид. Разведкæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй гитлеронты пат- рултл* уæлдай тынгдæр • хъахъхъæдтой стыр стапцæты. Уып махонтач-1 æвзæр нæ уыдис: цы объекттæ снысан кодтой, уыдон хыдысты чысыл разъездтæм хæстæг, æдзæрæг бынæтты. Бон куы æрбацъæхтæ, уæд махонтæй иукъорд рацыдис хъæдæй. Дардмæ зындис æфсæнвæндаджы тæлм. Фæзилæны л»лде— хид, кæмæ хъавыдысты, раст уыцы хид. Ифтыгъд рæмудзæн æрмæг бавæрдтой ададжы, .бафидар ыл кодтой шнур. Дарддæр та? Хид срæмудз æмæ ууыл раздзэх?, Уый æгъгъæд нæу. Хорз уаид уыцы-иу рæстæг поезд уæлбылæн дл-лæмæ асхойын. Эшелонтæ ацы фæндагыл арæх цæуынц. Ба- нхьæлмæ кæсæн ис. Бæдоаты Хадзыбатыр зæххыл, ныхæстау, нытътъæпæн, йа? кь^ха’’й шнурыл хæ, ы. афтæмæй. Попов, Шенников, Мартинцев æ-мж» Соломон бацах.той, поезд æхсын сын æнцондæр кæиæй уыданд, ахæм бынæл гæ. Раныдис сахат, дыууæ, уæддæр эшелон нæма зыны. Æп- !'ыпфæстаг хъуысып байдыдта цæлхыты уынæр. Фæзилæпæйæр- ^эзынд’паровозы сау риу. Тагъд паровозы цæлхытæ æрбатул- дзысты хидыл. Машинпст цæмæй зоны, цы йæм æнхъæлмæ кæ- сы, уын. Командир ацамыдта Бæдоайы фыртæн, ныр хъуыддаг лæуæн аразгæ у, зæгъгæ. Уый шнур æрбалхъывта æмæ бæстæ гыбар-гыбур сспс. Тапктæ, сармадзантæ æмæ æндæр хæцæп- гæрзтæй æмыдзаг вагæттæ æмæ платформæтæ æддæг-мидæг ауадысты, иу иннæйы скъуыры æмæ та асхъпуы хидæй дæлæмæ. \втоматчнктæ дазр сæ куыст бакодтой. Изæры дзæбæхæй æрбаздæхтысты лагермæ. Сæ фæдыл æр- пацыдысты, сæ хæс’сæххæст кæнгæйæ, иннæ дыууæ къорды дæр. Кафæдзиуыл тынг^’бацин кодтой, сæ къухты сгуыхтдзинад кæй оафтыд, уый тыххæн. Патриотты къорд ацыд æндæр рапмæ. Æрбыпат кодта го- г>æт Полоцкы цæгатварс, дæс æмæ ссæдз километры æддæдæр, стыр нæзы хъæды. Ам хуыздæр æрфидар сты: сарæзтой цалдæр №
земляикæпы, куыпнæ зыиоп, афтæ сæ бамбæрзтой æмæ сæхи цæттæ кодтой стыр хъуыддæгтæм. . Дыууæ мæйы знаджы чъылдыммæ уæвгæйæ, патриотты хъухы бафтыд æхсæз хиды срæмудзын, æртындæс поезды æф- •сæдтæ æмæ техникæимæ былæй ахсойын, артаджы базæ нып- пырх кæнын. Оккупаптты къæхты бын зæхх, æцæгдаф, судзгæ цæмæй кодтаид, уый тыххæй партизанты змæлдмæ æрбакæнын хъуыд уæрæх дзыллæты, бынæттон коммунисттæ æмæ фæскомцæдисон- тимæ бастдзинад саразгæйæ. Ууыл та хъуыдис асагъæс кæиын. Мæскуыйæ сын фехъусын кодтой, Полоцкы районы кæй ар- ^айы партийы сусæгкуыстгæнæг райком. Уый кусын райдыдта, суанг уыцы район оккупацигонд куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ. Райкомы хъустыл æрцыд, ам кæмдæр Райгуыраш бæстæйы пат- риотты къорд кæй фæзынд, уый. Агуырдтой кæрæдзи дыууæ мæйы дæргъы, фæлæ никуы æмæ ницы. Партийы сусæгкуыстгæнæг райкомы кусджытимæ бастдзн- над саразыны райдиан ссис Бæдоаты Хадзыбатыры фембæлд бынæттон цæрджытæй иуимæ. Хадзыбатыр хъæлдзæг æмæ сæрыетырæй командиры зем- лянкæмæ куы ныххызт, уæд æй уый афарста: — Куыд сты хъуыддæгтæ? — Хорз хъуыддæгтæ, тынг хорз хъуыддæгтæ, æмбал капитан. ’Чи хъæуы, ахæм адæймаг ссардтон... Бæдоайы фырт систа йæ худ, йæ ныхы хид асæрфта æмæ æр- чЗадтис, капитанæн гæдыбæласы лыггæгтæй цы «фыссæн стъол» с&рæзтой, уый цур æмæ хабæрттæ дзурын рапдыдта. — Бацыдыстæм хъæу Белоемæ, уым сæмбæлдыстæм ахуыр- гæнæг Мария Александровнæимæ. Махмæ, дам, фæзындис иу хорз адæймаг — Петр Васильевич, ацæргæ лæг, — загъта уый. Цымæ, дам, сымахонтæй нæу? Æваст баууæндæн нæ уыдис ахæм ныха^стыл. Бахъуыдис арф разведкæ скæнын. Куыд сбæ- рæг, афтæмæй Петр Васильевич Хлудков разындис партийы су- -сæгкуыстгæнæг рапкомы ннструктор. Хлудков оккупацийы рай- лайæз^ан фæстæмæ зылдис хъæутыл, бастдзпнад арæзта комму- писттæ æмæ фæскомцæдисоитимæ, æппæт патриоттимæ. Развел- кæ бынæттон цæрджыты æххуысæй бæлвырд базыдта, Хлудкоз ^съæуы цы бонты фæзыны, уый дæр. Партийы райкомы кусджытæ стыр æххуыс бакодтой сæхи хуызæн патриоттæн партизантæм æууæнкджын æмæ æхсарджын адæм æрбакæнынæн. Ам цыбыр рæстæгмаз бынæттон цæрджы- тæй партизантæм æрбацыд дæс æмæ дыууиссæдз адæймаджы Уыцы къордæн снысан кодтой ргзамонджытæ: командирæй-- Кировскойы, комиссарæй — Бæдоаты. Хадзыбатыры, штабы хицауæй — уацарæй чи ралыгъдис, ахæм лейтенант ПеТр Ти- щенкойы, разведкæйы сæргълæууæгæй — Павсл Гуковы. ФсГ- фдолдæр сты тыхтæ. 106
Цыпгифдæсæм июны разведка- фехъусын кодта, немыцæг- тæ дыууæ колоннæйæ кæй цæуынц Полоцкæй цæгаты ’рдæм, кæй æрбахфстæг кæнынц, партизанты къордтæ кæм æрынцздысты, уырдæм. Уый æнæнхъæлæджы хъуыддаг нæ уыд: немыцæггæ базыдтой, партизанты змæлд кæй рæзы, уый, æмæ сæ иыхмæ арæзтой æппæт мадзæлттæ дæр. Партизантæ иыр чысыл не сты, фæлæ бæллæх уый у, æмæ хæцæнгарз нæ фаг кодта, ног адæ- мл?й бирæтæ, куыд æмбæлы, афтæ нæма зыдтой партизанон хæс- Тг>[ метсдтæ, æхсын. Сæ ныхмæ та æфсæрстой фашистты егъау тыхтæ пулеметтæ æмæ минæтимæ. Фашистты иыхмæ æрвыст æрцыд æртæ къорды, фæлæ кæд стыр хъ;рбатырæй архайдтой, уæддæр фæсыкк сты, фæстæмэз здæхыи сæ бахъуыдис. Раст зæгъын хъæуы, æртыккаг къорд знагæн тыхджын цæфтæ ныккодта, фæлæ уый дæр хъуыддаг кæропмæ нæ ахæццæ кодта, раздæхт. Хъуыддаг алыг кодтой, Сухой Боры хъæумæ хæстæг, хъæды æмбæхст чи уыдис, партизанты уыцы сæйраг тыхтæ. Фашистта^ куы ’рбахæстæг сты, уæд сæ партизантæ цæгъдыи райдыдтой, Гитлеронтæ цалдæр хатты бафæлвæрдтой партизанты алфæм- блай æртыхсын æмæ ныццæгъдыныл, фæлæ-иу партизантæ æваст æндæр ран фегуырдысты æмæ та-иу знаджы сæрмæ сау мигъ сбадтис. Баххуыс сын кодтой, сгарæн-диверсион хæс сæх- хæст кæныны фæстæ тохыл чи æрбамбæлд, уыдон дæр. Фашист- тæ, стыр зиантæ сыл æрцыд, афтæмæй удаистæй згъордтой сæ мйшинæтæм æмæ лидзæг фесты Полоцкмæ. Уый фæстæ бынæт- топ цæрджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй гитлеронтæ куы фæ- . сыкк сты, уæд, æрра куыйтау, сæ сæр — сæ фат нал æмбæрс- той, партизанты схуыдтой, æппындæр æрцахсæн æмæ фесафæн кæмæн нæй, ахæм адæм. О, æцæг ахæм уыдысты, разындысты сæ номы аккаг. Уыцы тохы фæстæ партизанты бинонтæй хъæды чп æмбæхс- тис, уыдон æрыздæхтысты фæстæмæ сæ хæдзæрттæм. — ’Бузныг, нæ хъæбултæ! — арфæ кодтой сылгоймæгтæ. 21-æм июны партизанты разамонджытæ Мæскуымæ радтой ахæм радиограммæ: «Арæзт æрцыд авд партизанон къорды. Ис дзы авдфондзыссæдз адæймаджы бæрц. Стæм- дыууиссæдз лъæуы хнцау. Оккупантты къæхты бын зæхх судзын райдыдта!» Фæстæдæр къордтæй арæзт æрцыд бригад. Уый Советон Цæдисы Хъæбатыр М. С. Прудниковы разамындæй æнæферох- кæнгæ лæгдзинад æмæ æхсар равдыста знаджы ныхмæ тохы Белоруссийы, «ПартизанТæ :.арæхæй-арæхдæр кæй бырсынц æфсæнвæн- дæгтæм, уый дзурæг у ууыл, æмæ знаг йæ размæ сæвæрдта хæс цыфæндыйæ дæр немыцаг фронты фæлындзыны хъуыддаг ба- къуылымпы кæнын. 1942 азы июны, зæгъæм, æфсæддон къорд «Миттеч>-йы архайды районы æфсæнвæндæгтæм æрбабырстæ- 107
уыд 206 хатты», — фыста 1942 азы июлы æдасдзинады пъоли- цæйы оргæнтæй æмæ СД -йæ Белоруссийы областы, уыимæ Ви- тебскы областы дæр чи уыдис, уыдоны сæргълæууæг Берлинмæ. Знаджы гарнизонтæй бирæ ныддæрæн кодта партизанты бригад. Бирæ хæттыты хæцыдис уæхски-уæхск Советон Æфса- димæ иумæ знаджы стыр тыхты ныхмæ. Прудниковы партизан- ты сгуыхтдзинæдты тыххæй радзурæн нæй иу æмæ дыууæ уацы. Чизоны æмæ пырыонг Цæгат Ирыстоны бирæ нæ зыдта, уыцы партнзанты бригады хъæбатыртæй иу кæй удис беслæй- иаг коммунист Бæдоаты Хадзыбатыр. Уый мах нæхæдæг дæр базыдтам æнæнхъæлæджы. Æрæджы нæ республикæйы раза- монæг органтæм ссыднс писмо. Партизантæ уæззаудæр хæсты- та^ кæм кодтой, уырдыгæй — Витебскы областы горæт Полоцкæй Пегр Ефимович Тищенко — партизанты æмбырд саразынæн æх- хуысгæнæг къамисы сæрдар куры, цæмæй йын баххуыс кæной, Прудниковы номыл иартизанты бригады къордтæй иуы комис- сар Бæдоаты Алиханы фырт Хадзыбатыр кæм ис, уый базоны- лæн. Кæмæн нæ уыдзæн æхсызгон, не ’мбæстаг бирæ адæмты минæвæрттимæ Райгуырæн бæста* немыцаг фашисттæй суæгъд кæиыныл афтæ хъæбатырæй кæй тох кодта, уый. Бæлоаты X. А., хæст куы ахицæн, уæдæй ’ фæстæмæ кусы паддзахадон æдас- дзниад хъахъхъæпыны органты. Ныртæккæ цæры Мæскуыйы. Писмо нæм сæвзæрын кодта бирæ хъуыдытæ. Агуырдтам Ба;доайы фырты хæстон фæдтæ. Партнзанты бригады хъæба- тырдзинады тыххæй Советон Цæдисы Хъæбатыр запасы бул- къон М. С. Прудников ныффыста æнæхъæн чиныг. Уымæй сбæ- рæг ис, писмойы автор П- Е. Тишенко йæхæдæг дæр кæн уыдис партизанты бригады къордтæн иуы штабы сæргълæууæг, стæй та йæ командир. Ныр, бирæ азты фæста?, — фыссы М. С. Прудников йæ чпныджы, — мæпмæ афтæ кæсы, цыма мæ разы уынын хъæ- ’ батыр æмбæлттæ Демченко, Бæдоайы фырт, Никольский, Теле- гуеп, Табачников, Соломои; Индыков, Палихи, Павлюченко æмæ æндæрты. Ма> зæрдыл афлæууыд, уыдон партизанты къордты партион æмбырдты, стæй партийы сусæгкуыстгæнæг. райкомы бюройы æмбырдты ард куыд хордтой коммунисты кад- джын ном бæрзопд хæссыныл, фашистты ныхмæ тохы суанг сæ цард радтыиыл, уый». Ард бахордтой æмæ нæ сæххæст кодтой! Рацæудзæн æнуо’ тæ, уæддæр нæ баиымæг уыдзæн, советои адæм Фыдыбæстæ- пы Стыр хæсты азты цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый^*' ^г
Дауираты Дамир НЬЖКÆНÆМ, ЛÆППУТÆ, УÆЛАХИЗЫ ЗАРÆГ Дзæрæхмæт рдз уыцы бон алæмæты рæсугъдæй равдыста йæ- хи. Уалдзыгон хур рæвдыдта сагъæсдзыд зæххы, пыйирди ар- вы къусæг, цыма адæмы се ’пкъард хъуыдытæй фæиртасыныл архайдта. Дидинджыты тæф æмбæлди фындзыл. Бæстæ ради, худти... Уæдæ цæмæн цæуы кæуын уæртæ фæндаггæрон уыцы хæ- дзарæй? Цæмæн сты æнкъард лæгтæ, цæмæн æркодтой сæсæр- тыл сау кæлмæрзæнтæ устытæ? Уый Елхоты хъæубæстæ абон базыдтой Бæройты Абейы фондз фырты сау хабар. Уыдон сщыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ æмæ нал раздæхтысты. Зынгхуыст æфсымæрты ном ссарынмæ аэрæмбырд сты хъæубæстæ, сæ зонгæтæ, сыхлг хъæу- таой маррддзыгой сихорафон кæрты астæу бæласы бын урсза- чъе заронд лæг ;^ыхасы бар радта заманхъуйлаг зарæггæн- ’джытæн. Уыдон *вфсымæртыл цы зарæг скодтой, уый стахти ДЪæх арвмæ æмæсагъæсджынæй йæхи уæззау æруагъта адæмы зæрдæтыл... 109
Агуыбечыр Осмап Уæртæ цъыфджыны фалепæ Кæд æмæ, лæппуттæ, Уæлладжыры нарæг... Ныккæл-ма, Ирыстон, Абейы фонлз фыртыл Уæлахмзы зарæт... Дзиойты Хъауырбеджы æмæ Хъуысаты Райайы æнкъард: хъæлæстæм лæппуты хистæр Хъантемыры (æндæр сæ цот ни- кæмæн уыд) чызг Зинæ æмæ сæ иунæг цардæгас æфсымæр Рамазан сæ цæссыгтæ нал баурæдтой... Стæй зианы адæм иууылдæр ацыдысты уæлмæрдмæ, æф- сымæрты цыртдзæвæны размæ. Цыртдзæвæныл рæсугъд дам- гъæтæй фыст: «Бæройты Хъауырбеджы чызг Госæма (1878—1967) æма* йæ фырттæн, Бæройты æфсымæртæн: Дзæрæхмæтæи — 1924 Хадзыбечырæн — 1922 Османæн — 1917 Хъантемырæн — 1915 Агуыбечырæц — 1918 «1941—1945 азты Фыдыбæстæйы Счыр хæсты чи фæмард^ ./^уыдонæн». Йæ цуры дидинджыты баст, сау хъуымацы уацца- 110
Хадзыбсчыр Хъантемыр гыл та — фыст: «Баройты æфсымæртæн Елхоты 1-æм астæук- каг скъолайы номæй». Фæйлауынц фондз тырысайы, ныртæккæ арсадздзысты æхсæзæм дæр, заманхъулæгтæ семæ кæй æр- ’ластон, уый. Ацы уæлмæрдты мс лæппуты мад Госæмайы ин- гæн дæр, цъæх-цъæхид нæууæй æмбæрзт. Ехх, ныййарæг, ныййарæг... Кæцы мад бафсæсти йæ хъæ* булты хурæй! Госæма йæ хъæбулты Фыдыбæстæ ирвæзын кæ- нынма* арвыста, ныффæдзæхста сын знаджы басæттын. ...Сау хабар мады зæрдæйыл фыццаг хатт сæмбæлд, знаг" Ирыстонмæ куы схæццæ, уæд. Зынвæндæгтыл ацыд ныййарæг Æрыдонмæ æмæ уым мæрдты ’хсæн ссардта Дзæрæхмæты.. Ссардта... Салдæтты цæсгæмттæ бомбæтæ афтæ фехæлдтой,. æмæ сым базонæн дæр нал уыди. Уæд Госæмайы зæрдыл æр- балæууыд: йæ кæстæр лæппу, колхозы бæхтæ бирæ чи уарзта, фæскомцæдисонты хъæппæрисджындæр чи уыд, уыцы лæппу- йæп, хæстмæ цæугæйæ, йемæ раДта хъæдын уидыг. Æмæ зæр- дæнкъуыст сылгоймаг мард салдæтты уырзæй сгæрста. Куын- нæ атыппыр уыданд йæ зæрдæ, къух уыцы уидыгыл куы аны- дзæвыди, уæд. Цытджын Уæлахиз! Алчи дæр йæхи, йæ бинонты амондæй; \7æлдæр кæй æвæрдта, уыцы Уæлахиз æрцыди нæ бæстæмæ. Фæлæ нал фæзындысты Бæройты лæппутæ, рæхджы фендзы- стæм, зæгъгæ, чи дзырдта, уыцы танкист Осман, хистæр лейте- 111:
иант Агуыбечыр, хæсты размæ Заманхъулы Кировыл зарæг чк скодта, уыцы къорды уæнг æмæ ныр дæр фронтмæ заргæ чн ацыд, уыцы Хъантемыр... Хæрзконд Хадзыбечыр йæ мады тынг буц дардта. Мæнæ ма йын бакæсут, фронтæй йæм цы фыстæг сæрвыста, уый... «Æвæццæгæн мæ ’фхæрут, уæ писмойæн уын дзуапп æрæгмæ кæй дæттын, уый тыххæй. Дæрддзæф уыдтæн æмæ мæй æмæ ’рдæг æфсæддоп рынчындоны фæдæм. Фæдзæбæх дæн, ныр та ногæй цæуын уыцы цъаммарты, фашистон лæгсырдты цæгъ- дынмæ. Дæн тæхæг-лейтенант. Нана, мæнæ куы ссæуон, уæд дæ мæ хæдтæхæджы Мæс- куымæ ласдзынæи. Тæрсгæ ма кæнут, фендзыстæм нырма кæ- рæдзийы»... Фенхъæлмæ сæм кастп уал æмæ уал азы мад. Нал сын фехъуыста сæ кады зарæг дæр. Æрджыиарæджы сып дæлæ Дзылаты бынмæ Елхоты нарджыгæ... Куы нæ уал фехъуыстам Нæ хотæ æмæ нæ чындзы хъарджыгæ- Хæрзбон, Ирыстон, оп, оп, тох!.. Зæлы кады зарæг Елхоты сæрмæ. Адæм хъусынц а>гуып- пæгай. Фæлæ нæ сæртыл схæцæм уæлдæр! Нæ Райгуырæн бæстæ»- йы амондыл йæ цард чи радта, уыдон кадæн кад хъæуы, СсР кадыл цпн кæнын æмбæлы. Уæлахизы зарæг та ’азæлдзаж Иры къуымты. Фыдыбæстæ уарзыны уæлмонц æнкъарæнтæ, уалдзыгон тауау, æвзæрын кæндзæни, нæ фндæн нын чн хъахъхъæны, уыцы ног фæлтæры зæрдæты. а
Г&Ъулты Мелитон, Джиоты Къоста ГБЛРДИОН БРИГАДÆЙЫ ХÆСТОН ардæй, тынг дардæй, раст цыма арф иыккæидæй, уыйау ныр дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад чи иста, гуырд чи уыд æмæ йæхи чи зыдта, уыдон хъустыл ауайы, рæс- тæджы тар йæ бæзджын цъары цалдæр фæлтæрæй кæй ба- тыхта, уыцы зарæджы мелоди. Уыцы рæстæг, æцæгдæр, уыдис мæлæтдзаг тохы рæстæг. Советон адæм загътой: мах нæ сæр не ’ркъул кæндзыстæм фашистон æрдонгты раз, мæ цард нæ бахæлæг кæндзыстæм уæлахизы сæраппонд. Фæлæ партион тырнындзинадимæ, знаджы ныхмæ хъæба- тырæй тох кæныны монцимæ, не ’фсады хъуыдис хъомысджын ^фсæддон техникæ дæр. Уымæй та хæсты фыццаг бонты не ’фсад нæ уыдысты фаг ифтонг. Уыдонæй ифтонгдæр разынд Германы вермахт,: фашистон æфсæддон машинæ, æмæ хæсты тæккæ райдианы {1не ’фсад иæ бафæрæзтой уыдоны размæ- бьфст бауромын, афтæмæй фæстæ алæууыдысты. Знаджы фæс- чъылдым задысты|,пиллонкалгæ горæттæ, хъæутæ, æфсæйнаг фæндæгтæ... Фашистты фæсчъылдым легендарон Бресты фида- 8* ,ПЗ
ры ма советон патриоттæ удуæлдай тох куы кодтой, уæд немы- цаг Æ’фсад та бахæццæ сты Мæскуыйы цурмæ, арфæй-арфдæр. цыдысты Уырысы зæххыл, бацахстой Украинæ, Белоруссн æм^ Прибалтикæйы республикæты зæххытæ. Уыцы уæззау бонты хъуыдис хъæбатыр, бынтондæр хæс- ты уæз чи ницæмæ дардтаид, ахæм æфсады хæйттæ. Æмæ- ахæмтæ райгуырд. Уыдон уыдысты советон æхсæг дивизитæ æмæ бригадæтæ. -Хъайтардзинады стыр цæвиттонтæ æвдыстой канд не- ’фсады хицæн хæстонтæ æмæ взЕОДтæ нæ, фæлæ ма æнæхъæн. батальонтæ, бригадæтæ æмæ дивизитæ дæр. Уый уыдис сове- тон хæстонты массон, хъайтардзинады æвдисæг, советон уды- хъæды характерон миниуæг, Коммунистон парти нæ адæмы. цы стыр моралон-политикон гъæдыл схъомыл кодта, уый фæ- стиуæг. Гитлерон командæкæнынад йе ’фсады æнæбасæттондзина- ды тыххæй цы миф рапарахат кодта, уый хæсты тæккæ рай- дианы æрцыд пырхгонд. Гитлеронтæ се ’нтыстытыл куы цин- кодтой, мæнæ-мæнæ Мæскуымæ фæхæццæ кæнæм, зæгъгæ, куы дзырдтой, тæккæ уыцы рæстæджы Советон Æфсад фыццаг сæрсæттæн цæф фæкодта гитлерон æрдонгтæн Мæскуымæ ба- цæуæнты, горæт Вильняйы. Ардыгæй гитлерон æфсады ба- хъуыд сæхи фæстæмæ айсыны сæр æмæ се ’фсæддон тактикæ аивын. Ацы карз тохты хъæбатырдзинад, лæгдзинад æмæ уæндон- дзинад равдисыны тыххæй æмæ дарддæры тохты знæгты æгъа- тырæй кæй куынæг кодтой, æваст сæ кæй ныуурæдтой, уый. тыххæй фыццаг советон æхсæг дивизитæ æмæ бригадæтæн-1941 азы лæвæрд æрцыд гвардион дивизитæ æмæ бригадæты цыт- джын нæмттæ. Уыцы фыццаг бригадæтæй сæ иуы кæстæр командирæй службæ кодта не ’мзæххон Бежанты Петърейы фырт Висса- рион. Уый хæсты хайад исын райдыдта Барановичийы цур. Знаг размæ лæбурдта, тырныдта нæ бæстæйы стырдæр’ сæудæджерадон æмæ культурон центртæм. Не ’фсад, фæстæ- дæр гвардийы дивизитæ æмæ бригадæты нæмттæ лæвæрд кæ- мæн æрцыд, уыдон удуæлдай тохты урæдтой фашистты размæ- бырст Смоленскы, Вязьмæйы, Гжадскы, Тулайы, Ржевы, Кали- нияы цур. 1941 азы 12 июлы Смоленскы цур тохты Виссарион фæци’ рог цæф æмæ йæ бахъуыд 18 боны госпиталы йæхицæн хос кæ-' ныны сæр. Куы сдзæбæх, уæд та фæстæмæ бацыд 5-æм мото- инженерон гвардион бригадæмæ. Ацы бригадæ у, 1941 азы гвардийы ном лæвæрд кæмæн æрцыд, уыцыдивизитæ æмæбри- гадæты ’хсæн фыццæгтæй иу. I Бирæ нæм ис, 1941 азæй суанг дæр хæсты фæудмæ йуда- ’дзыг фронты.тохты хайад чи иста, ахæм хæстонтæ. Æмæ уы- '114
пæй цу Бежанты, Петърейы фырт Виссарпон, Фыдыбæ- стæйон хæсты карздæр., тохты æмæ зындæр операциты хайад- исæг кæй у, уый уæлдай буцдзинады æнкъарæнтæ æвзæрын \ш\Ы йе ’мбæстæгтæм. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты бпрæ сæрзилæнты, бирæ уæззау тохтæн æвдисæн у Виссарион. Уый иу рæста^джы ба- хъуыдис знаджы фæсчъылдымы знæгтимæ тох кæныны сæр дæр. 1943 азы бригадæйы командæкæнынад 30 хæстоны арвы- ста Березинæйы цæугæдоныл хид спырх кæнынмæ. Уыцы æф- сæддонты ’хсæн уыдис Виссарион дæр. Сæ хæс æнтысгæйæ» кæй сæххæст кодтой, хид кæй срæмыгътой æмæ уымæй фаши- стон фистæг æмæ танкæйон æфсады фæндаг кæй алыг кодтой, уый тыххæй ССР Цæдисы Сæйраг Согеты Президиум Бежаны фырты схорзæхджын кодта Фыдыбæстæйон Хæсты II къæпхæ-, пы орденæй. Фæстæдæр иу белоруссаг хъæуы цур немыцаг танкæ æхс- та не ’фсады хъахъхъæиынады, размæ бырсга. Уыцы танкæ не ’фсады хъахъхъæнынады куы ’рбатыдтаид, уæд æнæмæиг фæныфсджын уыдаиккой немыцæгтæ æмæ æрцыдаид уæлдай тугкалд. Бежаны фырт гранатты баст фехста танкæйыл. Тан- кæйы цалх арæмыгъта æмæ йæ бынаты зилахар байдыдта. Немыцаг танкисттæ æнхъæл уыдысты аирвæзынæй, фæлæ тан-. кæйы люк куы бакодтой, уæд сыл хъæбатыр хæстон суагъта автомат. Уыцы сгуыхтдзинады тыххæй Виссарионæн лæвæрд æрцыд Хъæбатырдзинады тыххæй майдан. Фæуд кодта 1943 аз. Уыцы аз уыд не ’фсады стырдæр раз- мæбырсты аз. Уæд алы фронтты — Цæгатæй суанг Хуссармæ,* ’знаг æмвæтæнæй фæстæмæ æппæрст æрцыдис. Не ’фсад цы- дысты размæ, сæрибар кодтой оккупацигонд горæттæ æмæ хъæуты. Уыцы аз 31 декабрæй 1 январмæ, æхсæвы, 5-æм бри- гадæйы æфсæддонты къордæн бахæс ,æрцыд знаджы ногазон æхсæв фенад кæнын, зынгон тæппытæ скуынæг кæнын, «æвзаг» уацары ракæнын. Уыцы къорд 12 сахатыл ацыд Великие Лу- кийы ’рдæм цъыфдзаст бынаты æмæ ахызтис знаджы фæс- чъылдыммæ. Уым развæдстарæг къорды æфеа\цдонтæ ахицæн- тæ сты. Бежаны фыртæн æхсæвы тары йæ хъустыл ауад не- мыцæгты хъæлдзæг ныхас, музыкæйы зæлтæ. Лæмбынæгдæр айхъуыста æмæ уайтагъд фæфиппайдта, немыцаг афицертæ ногбоны æхсæвы минасы кæй бадынц æмæ хъæлдзæг рæстæг кæй æрвитынц, уый. Дыдзырухс .æм æрбакалд немыцæгты землянкæйы чысыл рудзынгæй. Хъæбатыр гзардион æгасæй дæр фестад цæстытæ æмæ хъустæ. Уый куы;базыдта, землянкæйы ничи хъахъхъæны, уæд авм арæхстгай бырын байдыдта йæ гуыбыны цъарыл æмæ ру- дзынджы цурмæ куы бахæццæ, уæд дзы фæд-фæдыл баппæр- ста гранаттæ. Фæмыр немыцæгты музыкæ, райхъуыст се ’рдиаг 115
æмæ мæрдонвынæй баисты. Уыцы стыр лæгдзинады тыххæй Бежанты Виссарионæп лæвæрд æрцыд Сырх Стъалыйы орден. Стыр размæбырсг æрдомдта Советон Æфсады æмæ Æф- сæддон-Денджызон Флоты стыр операцитæ. 1944 азы февралы 5-æм мото-инженерон бригадæйы иу ’ къорд 500 адæймагæй сæвæрдтой хæдтæхджыты æмæ сæ дæлбулкъон Роговы раза- мындæй æрæппæрстой знаджы фæсчъылдым. Уыдонæн уыд ахæм хæс, цæмæй куынæг кæной знаджы эшелонтæ, бастдзи- над сын уа æфсæнвæндæгты æмæ сæ рæмудзой, пырх кæной, знаджы ’рбацæуæнты иæугæдæттыл цы хидтæ ис, уыдон, ах- сой уацайрæгтæ æмæ сæ дæттой партизанты къухмæ. Зиаджы фæсчъылдым Белоруссийы тар хъæдты ацы со- ветон хъæбатыр хæстонтæ фесты иу афæдз æмæ цыппар мæйы. Уы.цы рæстæджы дæргъы срæмыгътон 36 эшелоны, истой зна- джы обозтæ æд æфсæддон хотыхтæ, спырх кодтой бирæ æф- сæннаг фæндæгтæ. Уыцы уæззау рæстæджыты советон хæстои- тæ æййæфтой æххормаг, бæгънæп фæлæ ’уæддæр сæ иыфс нæ састис. 500 адæймагæй ма фæстæмæ æрыздæхт 360. Уый чысыл хъуыддаг нæу. Афæдз æмæ цыппар мæйы дæргъы знаджы фæсчъылдым фæтох кæн, уыйас зиæнттæ йын ракæн, æмæ ма фæстæмæ уыйбæрцæй æрыздæх, уый диссаг у, уæдæ цы! Уæд- мæ нæхи æфсад дæр бырстой размæ æмæ фæцæйхæццæ кодтой Польшæйы арæнмæ. ■ < Къорд бардзырд райста Сæйраг командæкæнынадæй, зæгъ- гæ, уæхæдæг архайут уæхи фервæзын ’ кæныныл. Уый зын хъуыддаг уыднс, фæлæ хъæбатыр гвардионтæ, зындзинæдты чи сфæлтæрдта, карздæр тохты чи бахсыст, уыдон нæ фæтар- стысты. Уайтагъд сфæнд кодтой цыфæндыйæ дæр нæхиуæтты ’рдæм атонын. Афтæмæй æхсæвыгон, семæ ма знаджы фæс- чъылдым чи ’ уыд, ахæм зæрæдтæ, сывæллæттæ æмæ сылгой- мæгтæ, рахызтысты фронтыл. ; ...Уый уыдис Прибалтикæйы зæххыл< Неманы, Латви æмæ Литвайы хурныг>ылæйнаг районты. Иугæр нæхиуæттæм куы 'рбафтыдысты,'-уæд сæ цинæн кæрон нал уыдис. Раивтой сын сæ дарæс, бафсæстой сæ æмæ сæ ’дыууæ боны баулæфын код- той, 1945 азы 6-æм’ апрелы сæ фæстæмæ арвыстой сæхи бри- гадæмæ. Ацы бригадæ 8-æм,- '9-æм æмæ 10-æм апрелы хайад иста Кенигсбергы штурмæй исыньь 250 азы дæргъы иунæгæф- сад дæр кæй нæ систой, уыцы легендарон фидар Кенигсберг штчрмæй с»^ста Советон Æфсад ^æмæ йæм фыццаг бахæццæ фæндзæм мото-инженерон -бри’гадæ.' Уый тыххæй бригадæйы схуыдтой 5-æм Кенигсбергы гвардион брпгадæ: • !"• ...Абон мах Фыдыбæстæйой Хæстыл фæдзурæм, куыд исто- рибнфактыл, афтæ. Фæлæ уым-цы стыр тохтæ æмæ операци- тæ уыд, уыдон йæхи цæстæй-.чи федта, йæхæДæг дзы хайад чи 1нста, ’уыцы хъæбатыр лæппутæ æмæ чызджытæ —^Отыр- Фы- дыбæстæйон хæсты ветерантæ— æндæр цæстæй кæсынц хæсты ЙС
уыцы бонтæм. Æмæ ма абон дæр сæ зæрдыл æрлæууынц сæ ивгъуыд карз тохтæ. Уыцы карз тохтæ Кенигсбергы гвардион бригадæйы хъæбатыр хæстон Бежанты Петърейы фырт Висса- рнон дæр æрымысы уæлдай буцæй, уæлдай сæрыстырæй æмæ сæ кой ракæны, йæхи хъæбатырдзинæдтæ, йæхи хайадистæк -;зы фæрсаг нысаниуæг радты, афтæмæй. Уый адæймаджы ^æдæфсармдзинадыл дзурæг у. Гвардипы хæстопы ном æнæ< хъуаджы, мыййаг, иæ хæссы. *
Лазарты Хæсанæ БИНОНТЫ ХЪЫСМÆТ [олысты хъæуы цæрæг Беккуызарты Тасолтан æмæ Хъазджери, æппæт .хæххон адæмау, уыдысты æнæ зæхх. Ок- тябры революцийы агъоммæ тыхамæлттæй дардтой сæ би- нонты. Хъазджерийы æфсымæр Тасолтан рагæй хъуыста, В. И. Леннн мæгуыр цæрæг адæмы иардамонд саразыныл кæй тох кæны, уын. Йæхимæ дæр уыд революцион зондахаст æмæ Уæл- ладжыоы комы хъæппæрисджынæй кусык райдыдта коммуни- стоп организаци саразыныл. Хæххон адæммæ сыхъуыст Октябры революцийы уынæр æмæ ноджы тынгдæр базмæлыдысты. Тасолтан уыцы рæстæг сспс фидар, зындгонд революцпонер, Уæлладжыры ревйомы сæргълæууæг. Ралæууыд Советон хицаудзинад, азмæ? хохæгтæн сæххæсг сæ рагон бæллиц: комкоммæ Ленины амындмæ гæсгæ сын бы- дыры радтой зæхх. Боптæ цыдысты, сæрæндæр кодтой Хъазджерийы фырттæ. 118
Хистæр, Гаппо, 1937 азы бацыд.æмæ каст фæцис Цæгат Иры- ^стоны ■ педтехникум æмæ Красногоры куыста ахуыргæнæгæй. Уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, куыста партийы Æрыдоны райкомы бæрнон бынæтты. 1957 азы фæсаууонмæ каст фæци Цæгат Ирыстоны педа* гогон институт æмæ ныртæккæ кусы завод «Электроцинчъы». Уый кæстæр Георы хæст æрæййæфта Оырх Æфсады службæ кæнгæйæ, æмæ хæсты райдайæны иуæндæсæм бон хъæбатырæй ,фæмард. Æртыккаг æфсымæр Тæтæрхъан 1941 азы июны каст фæиис æфсæддон скъола æмæ уым баззадис ахуыргæнæ- гæй. Уыдон кæстæр Таймураз дæр хъæбатырæй тох код- Та Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, фæци цалдæр цæфы, йæ хъæ- батырдзинады тыххæй райста бирæ хæрзиуджытæ. Ныртæкка? .кусы партийы Рахизфарсы райкомы. Кæстæр æфсымæр Алыксандр, уæлдæр ахуырдзинад райс- гæйа\ ныр цалдæр азы кусы Донбассы историйы ахуыргæнæ- гæй. у СЦКП-йы ЦК-ы æнæштатон лектор. Пс сын дыууæ хойы. Хистæр кусы Орджоникидзейы ахуы- радон хæдзарады фельд’шерæй, кæстæр хо — Ольгæ — та консервгæнæн заводы, фæсаууонмæ ахуыр кæны институты. Æфсымæртæ æмæ хотæй алкæмæн дæр йс стыр царды фæндаг. Æз се ’ппæты тыххæй дзурынмæ нæ хъавын, фæлæ бæлвырддæр зæгъдзынæн Тæтæрх>аны хæстон фæндаджы тыххæй. «...1943 аз. 2-æм гвардион армийы 24-æм гвардион диви- знйы командир инæлар Кошевойы бардзырдмæ гæсгæ Дон- бассы, Ровенькнйы станицæйы дивизийæн æмбырд кодтам ног æфсæддонтæ. Истам, хистæр лейтенант Беккуызарты Хъаздже- рийы фырт Тæтæрхъан æфсæддон ахуыргæнæндонæй кæй æрбаласта, ахæм æрыгон курсантты. Тæтæрхъанимæ ба- зонгæйæ, стыр цин фæкодтам кæрæдзийыл. Уый фæстæ инæ- лар Кошевойæн фехъусын кодта диссаджы цырддзаст, æф- сæддон хъуыддагмæ рæвдз лæппу Тæтæрхъаны тыххæй. Инæ- лар Тæтæрхъаны сæвæрдта йæхи разведротæйы командирæй. Суанг фыццаг фæлварæнæй фæстæмæ айхъуыстис йæ арæхст- дзинад. ...Уавæр уыдпс тынг уæззау. Советон Лптвæйы фашистон «^рдонгтæй суæгъд кæныны тыххæй дивизийы размæ. Уæлдæр командæкæнынад цы хæс сæвæрдта, уый сæ тынгдæр аразгæ уыдис разведкæйы архайдæй. Дивизийы командир Тæтæрхъа- ны къорды размæ сæвæрдта бæрнон хæс: æнæмæнг уацайраг самал кæнын. Уыцы хæс æххæст кæнгæйæ, къорд ракодта иу уацайраджы, стæй-Тæтæрхъан йæхæдæг ныццагъта 12 гитле- роны. К Развæдсгарджытæ кадимæ сæххæст кодтой сæ фыццаг зсæс, Вады хъæуы цур фæлыг кодта, Гавяны Шуктитышнæйæ ^авяны-Ланымæ цы стыр фæндаг цыдис, уый. Уыцы цыбыр, 119
фæлæ карз хæсты разведротæ амардта 70 фашисты, нып- пырх кодта 4 автомашинæйы, 2 мотоциклы, уацары ракодта æртæ обер-ефрейторы, фынддæс мотоциклисты. Уацайрæгтæ радзырдтой ахсджиаг сусæгдзинæдтæ. Ацыран Тæтæрхъан йæ къордимæ бахауд æрхъулайы, фæлæ йæ хæстонтпмæ топп æмæ кардæй ратыдтой знаджы цæг. Ноджыдæр ма 11 гитлероны мæрдтæм бацыдысты Тæ- тæрхъанæп йæхи къухæй. Уыцы сгуыхтдзинæдты тыххæй Бек- куызарты Тæтæрхъан хорзæхджын æрцыдис Александр Нев- скийы орденæй. 1945 азы 30 январы Тæтæрхъан, командæкæнынады бар- дзырд æххæст кæнгæйæ, йæ къордимæ бацыдис знаджы фæс- чъылдыммæ æмæ, æфсæйнаг фæндаг чи бацахста, уьшы фа- шистты ’хсæн удаистдзинад сарæзта. Къорд ныццагъта 30 гит- лероны, афтæмæй не ’фсæддон хæйттæн радта ахсджиаг хæ- цæн бынæттæ бацахсыны фадат. 4-æм февралы та горæт Фиш- гаузенмæ хæстæг Беккуызары фырт балæбурдта знаджы фæс- чъылдыммæ æмæ та уым, хъомпалдзинад саразгæйæ, йæ къор- димæ ныццагъта 40 гитлероны. Хъæбатыр командир уый тых- хæй райста Фыдыбæстæйы Хæсты I къæпхæны орден. 5-æм февралы хæсты быдыры хъæбатырæй фæмардис нæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд хистæр лейтенант Беккуызар- ты Тæтæрхъан. Уый уыдис йæ хъæбатырдзинадæй, нæ бæстæ- йыл æмæ адæмыл иузæрдиондзинадæй æппæтæн дæр фæзми:- наг коммунист». Афтæ фыста хæрзиуæджы сыфы 1945 азы 11 февралы Перекопаг Сырх Тырысайы орденджын 67-æм гвардион диви- зийы командир. ...Æвæдза, хорз хъæбултæ схъомыл кодтой хæххон зæх- кусæг Беккуызарты Хъазджерийы бинонтæ. а
Асаты Реуаз КЛВКАЗÆЙ - БЕРЛИНМÆ æуыс райсом дæ. куыстмæ. Æмбæлынц дыл адæм. Салам дын дæттынц де ’мбæлттæ, дæ хæлæрттæ, дæ зоига^тæ. Æхсызгон у, бирæ ныфсытæ дын кæй ис, уый. Æмге уымач! ноджы тынгдæр, дывæр-æртывæр æхсызгон у, лæгæвзарæн, тыхæвзарæн хæсты зиаджы ныхмæ фæрсæй-фæрстæм, уæхскп- уæхск кæимæ бырстай, уый дыл куы амбæлы я\мæ дын дæ цачтоммæ, дæ цæстьпæм æнæзæрдæхудтæй, æна>къæмдзач:ты- гæй комком^æ куы фæкæсы, уæд. Дарддæр цæуыс, æмæ дæ цæсты раз, фæнды æви нæ^ уæддæр слæууынц Стыр Фыдыбæстæйоч хæс1ы .рвирхъау пыв- тæ æмæ, дæ хъуыдыты ацæугæйæ, хатт иннæ зонгæ кæнæ хæс- тæгæн дæр ферохвæййы салам радтын. Ахæм хъуыддаг. æвæц- цæг&и, алкæуыл ^дæр æрцæуы, йæ зынгхуыст хæстон æмбæлт- тыл;йæзæрдæ кæмæн риссы, уыдонæй. Мемæ хæсты быдыры иу дивизи кæнæ иу полчы чи уыдис æмæ’ фæстæмæ чи^æрыздæхт, ахæмтæ нæ горæты бир ~ нæй: Къуылыхты Илья, Гаглойты Гиго, Бекъойты Гаврил. Ацы очеркы дзырд цæудзæн Бекъойы фырты тыххæй. Кавказы 121
хохрæбынтæй суанг Берлинмæ тохы зын, фæлæ кадджын фæн- дагыл чи фæцыдис. Нæу мæ цахъхъæн, ме ’мкарæн Гаврил. Фæлæ нæ хæсты какснсындз фæндæгтыл нæ хъысмæт сиу кодта. Бынтон æн- дæр æмæ æндæр сты нæ биографитæ, царды нæ тырьындзи- нæдтæ, фæлæ нæ хæст скомкоммæ кодта иу нысанмæ: цыфыд- дæр знаджы ныхмæ карз æмæ æнауæрдон тохмæ. 1910 азы джераг мæгуыр зæхкусæг Рухайæн (Христафо- рæн) райгуырдис ацы лæппу. Рæстæг цыдис, уæдæ цы! Æмæ йæ зæнæг баисты 3 лæппу æмæ 5 чызджы. Октябры революци куы ныннæрыд, уæд йæ рухсы тынтæ бахæццæ сты Джеры комы цъассытæм дæр. Хъæуы бакодтой цыппаразон скъола. Каст æй фæцис зæрдæргъæвд лæппу. Уæл- дай тынгдæр æвзыгъддзинад æм уыдис нымайынмæ, хынцын- мæ. 1926 азы Гаврил уыдис «лæджы бындзæфхад». Иæ дыккаг аз дарддæр ахуыр кæнынмæ ацыдис Дзауы зæхкусæг фæсивæ- ды скъоламæ. Иу афæдз дзы куы ацахуыр кодта, уæд рараст Цхинвалмæ æл!æ бацыдис педтехникуммæ. Уым æй айстой фæскомцæдисы рæнхъытæм. Техникум каст фæцис æнтысгæйæ 1931 азы. 4 1932 азы бйцыд Свердловскы паддзахадон университеты физнкæ æмæ м^тематикæйы факультетмæ. Фæцахуыр дзы код- та иу афæдз. Ф^елæ йын йæ царды уавæртæ йæ къух нæ арæзтой æмæ уый фæстæ Бекъойы фырт ахуыр кæнынмæ ба- цыдМæскуыйы пйддзахадон университеты фæсаууон хайадмæ. Рараст исйæ райгуырæн Ирмæ. 1933 азы кусын райдыдта Дзауы районы Х^емултайы æнæххæст , астæуккаг скъолайы математикæ æмæ физикæйы ахуыргæнæгæй. Йæ дыккаг аз æй арвыстой Дзауы ас^æуккаг .скъоламæ. Æртæ азы дзы фæкуы- ста ахуыргæнæгæй, с^гæй йæ сæвæрдгой ахуыры хайады гæсæй. 1938 азы раразмæгонд æрцьтд уыцы скъолайы директорæй. Уым 1940 азы бацыдис- Коммунистон партийы рæнхъытæм.^ Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд æртыназ- дзыд лæппу-лæгмæ уыдис хъомыладон куысты бæрæг фæл- тæрддзинад. Йе ’мбæлттæ йæ бауарзтой, йæ куыстуарзондзи- над, йæ лæгуарзондзинад æмæ хæдæфсарм кæй уыдис, уый тыххæй. Æмæ йæ 1941 азы, тæккæ ахуыры райдианы, цыппæ- рæм сентябры, Сырх Æфсадмæ куы фæндараст кодтой, уæд сын бæргæ зын уыдис, фæлæ Райгуырæн бæстæ афтæ домдта. Иу мæй санитарои инструкторты курсыты ацахуыр кодта Тби- .лисы: «Кæм физик æмæ кæм санитар?» — йæхимидæг хъуыды кодта Гаврил, фæлæ уал нырма ам йæ сæр тынгдæр кæй хъæ- уы, ууыл хъæцыдис. ,5 Уый фæстæ йæ Бакумæ акодтой æмæ та уым дæр ахуыр кодта ахæм курсыты æмæ сæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис уыцы аз декабры. Йе ’мбæлттимæ сæ æфсæддон 122
хæйттыл адихтæ кодтой. Бекъойы фырт бахаудис Ереваны цур Канакиры æфсæддон лагертæм. Уым уæд арæзтой ног, 61 -æм æхсæг дивизи æмæ йæ арвыстой 221-æм æхсæг полчы пулеметон взводмæ, стæй та — санитарон хаймæ æмæ ссис ротæйы старшинæ. 1941 азы декабры фæуды дивизи рацыдис Ленинаканмæ. — Гаврил, хъуыды ма кæныс, 1942 азы январы сур уаза- лЫ 221 -æм æхсæг полчы куы базонгæ стæм? Дæ зæрдыл ма лæууы. 45-æм армийы 61-æм æхсæг дивизийы къамисар Гас- сигы Виктор куы ’р^ыд æмæ полчы рæнхъыл куы слæууын кодгой? Хъуыды мк кæныс дивизийы политхайады хистæры хæдивæг КъуылЫхты Илья æмæ иннæ ирон лæппуты? — рай- дыдтам мысын нæ иумæйаг æфсæддон службæйы райдиан. Нæ цæстытыл ауадысты капитантæ Тæтæриты Мæхæм’æт, Коцойты Харитон, хистæр лейтенанттæ Гæбулты Алыкси, Гæззаты Елиоз, кæстæр лейтенанттæ Гаглойты Гиго æмæ Бырнацты Алык- сакдр æмæ бирæ æндæртæ (нæ дивизийы уыдис 400 ирон хæс- тон æмæ афицеры бæрц). Аст мæйы фестæм Ленинаканы æмæ 1942 азы 24-æм ап- густы эшелоныл араст стæм фронтмæ. Бахæццæ стæм Суху- мы цурмæ. Æрбынат кодтам иу комы. Бахаудтам 46-æм арми- мæ (уыцы мæй йын йæ командæгæнæг инæлар Сергацковы раивта инæлар К. Н. Леселидзе). Армийæн йæ разы уыдис, суанг Ручъы ’фцæгæй райдайгæйæ, Мамысон, Марух, Санчаро æмæ Клухоры æфцджытæ немыцаг-фашистон тыхæйисджы- тæй бахъахъхъæнын æмæ Фæскавказмæ знаджы ма ’рбауа- дзыны хæстон хæс. Салдæттæ æмæ афицерты цæттæ кодтой хæстон стæрмæ. Дæлхæйттыл Зылдысты нæ полчы командир, зæронд булкъон Орлов, политикон хайы йæ хæдивæг Николай Трощенко, шта- бы хистæр капитан Тамаров, полчы парторг капитан Шогерян. Фистæгæй араст стæм Сухумыл. Немыцæгтæ бомбæтæ калд- той. Æхстой сæ нæ зенитчиктæ. Нæ полчы штаб æрлæууыд Ермоловкæйы (ныр Леселидзе), дивизийы штаб та —Гаграйы. 307-æм æхсæг полк æрвыст æрцыд Кавказы хæхты оæрзæнд- тæй сæ йу. — Красная Полянамæ. Уым сентябрь-октябры да’р уыдис уазал, арф мит. Æвæндаг, зынвадат. Хæцæн æрмæ- джытæ а:м*р-хаеринаг хастой бæхтыл,'хæрджытыл, Хæлцадон продуктт ^-иу ^бæрзокд æфцгуыты сæр калдгой хæдтæхджытæй Дæр. ь-,\ Кавказы хæхтæй немыц тард æрцыдысты. Нæ полк дæр, дивизийы иннæ æфсæддон хæйттимæ, дарддæр Кубаны ’рдæм цыдис Сау^ денджыз’ы былгæрæтты. Уыдыстæм Майкопы здæх- ты. Уырдыгæй нæ акодтой Новороссийскы ’рдæм. Туапсейы на> эшелонæй раргъæвтой. Немæ цыдис, Бекъойты Гаврил кæм службæ кодта, уыцы санитарон хай æмæ хæстонтæн ахæм Дæргъвæтин, зын стæрты кодта стыр æмæ ахсджиаг медици- т
нон æххуыс. Геленджикмæ куы бахæццæ стæм, уазд рахиз- æрдæм Дефановкæйыл æфцджытæм нæ фæндаг скодтам. Ба- хæццæ стæм Чабановкæйы æфцæгрæбынмæ. Тар хъæды янва- ры хъызт зымæджы калдтам бæлæстæ æмæ дзы нæ фæндаг астæрд кодтам. Бæхтæ нал фæрæзтой, цагъды кодтой. Нæ ра-' зæй тылдтам сармадзантæ, ие ’ккой хастам минаметтæ, пуле-* меттæ, дзаумæтты хызынты — хæринаг: хус кæрдзынтæ, кон- центраттæ, тамако. Митхæццæ къæвдатæ æппынæдзух сæ кæ- нон кодтой. Æрхуыст, æрулæфт нæ уыд æхсæвæй-бонæй! Рæс- та^гыл хъуамæ бахæццæ уыдаиккам Кубаны быдыртæм æмæ гнтлеронты сырдтаиккам, се ’муд, æрцæуын сæ ма бауагътаик- кам. «■ », г : ,Л ’ ^г Сталинград æмæ сын Орджоникидзейы цур, стæй æппæт Кавказы хохрæбыцты сæрсæттæн цæфтæ гитлеронтæн сæ ас- тæумагъз аскъуыдтой. Фæлæ уæддæр цæф’ сырд тæссаг æмæ хинæйдзаг кæм нæу! Карзæй ныхмæ лæууыди знаг зæххы алы уылынгыл дæр. Мах та уæд рамбулын хъуыдис иууыл зы- наргъдæр — рæстæг. Афтæмæй, 1943 азы раст 21-æм январы бахæццæ стæм ны- сан бынатмæ. Бекъойы .фырт æмæ йæ санитартæн сæ 221-æм æхсæг полчы ног командир, дæлбулкъон Акопов Леонид бацамыдта, Аулная? Балка, зæгъгæ; уы’цы ’ бынаты къуыппыл цы даргъ мæнгагъуыст уыдис, уым æрбынат кæнын. Нæ 221- æм æхсæг полк бырста комкоммæ кубайнаг стыр станнцæ Иоводмитриевскаямæ. Нæ полкæн галиуæрдыгæй æмæ рахмз- æрдыгæй — дыууæ. флангæй та хъуамæ бырстаиккой 66-æм æмæ 307-æм æхсæг полчытæ... Сæ бынат æрцахстой хъæды, адгуыты æмæ æрхыты нæ артиллеристтæ, минаметчиктæ. Ра- эæй ацыд разæсгарджыты къорд. Райсом талынгæй хъазуат бырсты -ацыдьп.ты н.<» хæстон- тæ. Немыцæн стыр фидæрттæ уыдис станцæ Новодмитрев- скаяйы кæрон. Уæлдæфмæ ракетæтæ суагътой, иыррухс арв. Карз, тугкалæн тох бацайдагъ дыууæрдыгæн дæр. Сæмбу кодтой сармадзантæ, минаметтæ, пулеметтæ. Не ’фсæдтæ ацы- дысты джебогъæй бырсты. Нæ санитартæ зынджы ’хсæнæй, раззаг хаххæй хастой фыццаг цæф хæстонты. Уыцы куыстмæ мобилизацигонд æр- цыдыстæм æз æмæ ме ’рдхорд æмбал Цыбырты Ваня дæр (уый фæстæ хъæбатырæй мард фæцис). Райсом аходæнафон ссис. Раззаг хаххæй нæм æрбайхъуыст æвирхъау хабар — пол-. чы парторг М. Цатуров мард фзэцис фыццаг тохы минæйы схъисæй. Уыцы хабар базыдтон Бекъойты^ Гаврилæй. Тынг ыл фæмаст кодтам. Бакумæ йæ бинонтæм'?; да?р ныффыстон уыцы сау хабар. ^ - | Аулная Балкайы хъæмпæмбæрзт даргъ мæнгагъуысты цæфтæ нал цыдысты. Бекъойы фырт æмæ сын йе ’мбæлттæ фыццаг æххуыс лæвæрдтой æмæ сæ’ дарддæр медсанбатма-4 124
æрзыстой, уырдыгæй та — Чабановкæйы æфцæгрæбын быды- рон госпиталмæ. Дохтыр Тæтæриты Мæхæмæт ницыуал фæрæз- та цæфтæ бæттынæн. Фæстæдæр уæззау цæф хæстонты не "ккой хастам Горячий Ключы эвакогоспиталмæ (16 км дæрд- дзс>.тæн). Чабановкæйæ бæхтыл фронты раззаг хахмæ хæлца- дон продукттæ чи хаста, уыцы нымæцы уыд кæстæр лейтенант Гаглойты Гигойы взвод дæр. Уыдон-иу, фæстæмæ цæугæйæ, семæ аластой цæф салдæтты æмæ афицерты, рог цæф хæстон- та, та сæхæдæг фистæгæй иугай-дыгай цыдысты фæсчъылды- мы ’рдæм. Транспортæн фæндаг кæй нæ уыд, уып тыххæй хæрдцух’ ич’шаефтой дохтыртæ, санитартæ сæхæдæг дæр. — Цæйнæфæлтау цæф хæстонтæ стонг æййæфтаиккой, фæлтау-иу сын нæ дзыхы комдзаг дæр лæвæрдтам, — æрымы- еыд Бекъойты Гаврил. — Иухатт Чабановкæйæ хæринагхæс- джытæ æрæгмæ хæццæ кодтой, сæ бæхтæй фæидагыл цалдæр амард. Раст зæгъыи хъæуы, фæтыхстыстæм. Уæд дын хæри- пагпгнæг Скороходов ауад, мæнгагъуысты цур миты бынæй цæхæраны муртæ ракъахта æмæ нын уымæй хæринаг ацæттæ колта. Иннæ хатт та мæхæдæг продукттæ хæссынмæ ацыдтæи Чабановкæмæ. Æмæ дын æнæнхъæлæджы сæмбæлдтæн парти- йы Дзауы райкомы раздæры фыццаг секретарь Плиты Ило- йыл. Гитлеронты æрхъулайæ раирвæзт йе ’мбæлттимæ, йæ къæхтæ басыдысты, сыстонг, суазал. Тæвд хæринаг ын бахæ- рын кодтон æмæ йын быдырон госпиталмæ бацамыдтон. Фæс- тæмæ цæугæйæ мæ ’рбаййæфта нæ дивизийы политхайады бæрыон кусæг майор Кьуылыхты Илья дæр. Йæ фыццаг фарст уыдис: — Ыæ лæппутæ куыдтæ сты? Раззаг хаххыл куыд цæуы хъуыддаг?.. ’ Æртæ къуырийы дæргъы æнæрулæфгæйæ фæхæцыдис нæ дивизп уыцы стыр цæрæн пункт ссæрибар кæныныл. Фыццаг размæбырсты йын йæ иу хай дæр бацахстам, фæлæ-иу немы- цæгтæ ног тыхтæ ’рбакалдтой, æмæ та-иу нæ фæстæмæ ралæу- уын бахъуыдис, стæй сæм æнæуи дæр къуылдымæй, армы гъæпæныл æвæрдау, зындыстæм æмæ нæ комкоммæ æхстой. Гье, фæлæ иугæр 12-æм февралы горæт Краснодар куы систам, уæд немыц æрхъулайы бахауынæй фæтарстысты æмæ, на« тыхджын’ цæфты уæз æвзаргæйæ, фæстæмæ лæууын рай- лыдтой. Нæ ’ фарсмæ бырстой инæлартæ Турчинскийы 20-æм ^омæ Проваловы''383-æм æхсæг дивизитæ дæр.1 Гитлеронты фæ- сырдтам Красно»Дарæй иу 20 км æддæдæр Северскаяйы онг. Уым та æрфидар^ты эемæ нын рæстæгмæ нæ размæбырст ^пурæдтой. Хъæдтэвй рафсад кодтой кубайнаг партизантæ . æма> нын уыдон дйр тынг баххуыс кодтой размæбырсты. Краснодарæй Новороссийскы ’хсæн сæрибар æрцыдысты станицæтæ: Северская, Ильская, • Ахтырская, Холмская, Ли- 125
нейная, Абинская. Иттæг карз тохтæ бацайдагъ сты Ново- российск æмæ Темрюк-Анапæйы ’рдæм цæуæг стыр æфсæн- вæндагон æлхынцъ Крымская ссæрибар кæныны сæрыл. 1943 азы март-апрелы, Бекъойы фырт кæм службæ кодта. уы- цы санитарон ротæ æрлæууыд станицæйæн цæгатфарс тар хъæды. Гитлеронтæ сфæнд кодтой уыцы хъæд скуынæг кæнын æмæ йыл æрвыл бон дæр бомбæтæ калдтой сæ хæдтæхджытæ. Тынг зын уыдис ахæм уавæры цæф хæстонты эвакуаци кæ- нып. Фæлæ санитартæ, медицинон хотæ æмæ иннæтæ тохы быдыры иу цæф хæстоны дæр нæ ныууагътой, афтæмæй съш лæвæрдтой фыццаг æххуыс æмæ сæ æвæстиатæй æрвыстой хос кæнынмæ дарддæр. — Гаглойты Гигойæн йæ бæхбæттæн асаст, йæ уæхск уæз- зау цæф фæцис, афтæмæй мæм цудтытæ гæнгæ æрбахаудта хутор Фыццаг Мибикы цур. Йæ цæфтæ йын бабастам, хъуа- мæ йæ госпиталмæ арвыстаиккам, фæлæ ныл уыцы рæстæджы иемыцæгтæ бомбæтæ нызгъæлстой. Хæринаг ын схъарм код- тон æмæ уый дæр уæлдæфы улæн иуфарсæрдæм фехста. Хæдтæхджытæ куы атахтысты, уæд мæм йæ быдырон хызын радта, — дзырдта мын Бекъойы фырт, — æмæ мын бафæ- дзæхста: «Мæнæ ам ис, æз политрук кæм уыдтæн, уыцы ротæйы хæстонты мызд. Радт-иу сæ финансон хайадмæ, хъуыддаг сын бамбарын кæн, афтæмæй. Салдаты раз зæрдæхудтæй базза- йынæй æвзæрдæр ницы ис... Уыцы ран, Крымскаямæ бырсгæйæ, марты хъæбатырæй мард фæцис, транспортон ротæйы раззаг хахмæ фистæгæф- сæддон ротæмæ политрукæй чи ацыд, уыцы цæгат-ираг лæппу- лæг, капитан Кцойты Харитон. Уый размæ Абинскаямæ ныб- бырсты рæстæджы фæмардис йе ’мзæххон æвзонг ирон лæппу кæстæр лейтенант Бырнацты Алыксандр дæр. йæ хæдразмæ та — 307-æм æхсæг полчы ротæйы политрук, хистæр лейте- нант Гæбулты Алыкси (Мугуты хъæуккаг). Станицæ Крымскаяйæн рахизæрдыгæй бæрзæнд 114,1 кæнæ «Хъайтарты обау» кæй хуыдтой, ууыл тохгæнгæйæ (уæд уыдтæн æхсæг батальоны комсорг), 1943 азы 1-æм августы иу ададжы уæззау цæф фæдæн, æмæ Бекъойты Гаврил цы баис, уымæн бæрæг ницыуал базыдтон. Æрмæст ма хорз хъуыды кæнын: цыппар санитары мæ раззаг хаххæй рахастой æхсæ- выгон. Мæ цæфтæ мын хутор Свободькæмæ æввахс траншейы. дохтыр Тæтæриты Мæхæмæт бабаста æмæ мæ медсанбатмæ уæзласæн машинæйы рарвыста. Уый дæр ма ,мæ нæ рох кæныг æмæ капитан Тæтæрийы фырты фæдзæхстæй старшинæ , Бе- къойты Гаврил Сталинирмæ мæнмæ йæ 1 иу фыстæджы’ ’ фе- хъусын кодта, нæ дивизийы газет «Знамяц; Победы», зæгъгæ^ уым хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй майд^нæй схорзæхджын- гæндты ’хсæн ис дæ мыггаг дæр. Уыцы майдан лæвæрд эериыд 126
Кубань ссæрибар кæныны сæрыл тохты рæстæджы Тæтлзри- ты Мæхæмæт æмæ Бекъойты Гаврилæн дæр. Уыдон уыдысты нæ фьтдаг хæстон хорзæхтæ. — Гаврил, радзур-ма, мæ фæстæ нæ дивизн кæмыты хæ- цыд, сныв мын кæн йæ тохы фæндаг, — цымыдисæй бафар- стон Фыдыбæстæйон хæсты ветераны. — Хъуыды-ма кæныс? — дзуры уæззаугай ме /мхæстон, _- ды бæрзæнд 114,1 кантузи куы райстай, уæд нæм хъæдмæ кæдæм æрцыдтæ, уырдыгæй нæ сагротæ аивта иæ бынат цæ- гатырдæмдæр æмæ нын стæй нæ зæронд бынатыл немыцæг- тæ уæззау гаубицæджын артиллерийæ ныккалдтой, дур дзы дурыл нал ныууагътой. Мæнæ ма уым чысыл аззадыстæм, уæд абон кæрæдзийыл, æвæццæгæн, нал сæмбæлдаиккам. Полчы командир булкъон И. П. Севкойы раивта гвардийы дæлбулкъон В. К. Степченко. Августы фæудтæм ма фæхæцы- дыстæм. Сымах кæдæм бырстат, уыцы станицæ Молдовапскзя ссæрибар кодтам,1 стæй нæ фæстæмæ, Краснодары цур Куба- ны донбылгæронмæ ракодтой нæ рæнхъытæ баххæст кæнынмæ. Уыдæттæ мын Бекъойты Гаврил дзырдта областон музе- ны. Бацыдис къулылконд нывæцмæ, йæ кæсæнцæстытæ бакод- та æмæ, иумæ кæсæм. — Мæнæ дын нæ дарддæры тохы фæндаг, •— дзуры мæ хæлар æмæ, чиныджы сыфтæ фæлдахæгау, мысы уыцы æвир- хъау мæйтæ, къуыритæ, бонтæ... Æхсæвыгон арастысты хъæды. Бахæццæ сты æфсæнвæн- дагмæ. Сбадын сæ кодтой эшелоны æмæ сæ бамидæг кодтой Ростовы. Уыцы рæстæджы, 1943 азы сентябры, гитлеронтæ пыууагътой Таманы æрдæгсакъадах кæнæ «Æрвгъуыз хахх» кæй хуыдтой, уый æмæ Хъырыммæ бахызтысты, æрхъулайы бахауынæй куы фæтарстысты, уæд. Уацары дæр дзы цъус нæ бахауд. Хæсты быдыры ныууагътой тынг бирæ мæрдтæ æмæ цæфтæ. Уымæй дзы къаддæр ■ нæ баззадис хæстон техникæ дæр. 61-æм Сырхтырысаджын æхсæг дивизи бахаудта 1-аг Украинаг фронтмæ. Бахызтысты Азовы денджызы былтыл, Таганроджы фæрсты ацыдысты цæгат-хурныгуылæны ’рдæм. Архайын райдыдтой Одессæ-Николаевы здæхты. Сæ фарс- мæ хæцыдысты инæлартæ Кириченко æмæ Плиты Иссæйы бæхджын æфсæддонтæ. Æппынæдзух • тохты дивизийы рæнхъытæ сфæлахс сты а?мæ йæ горæт Николаевы цурæй рагвæззæджы иу украинаг хъæумæ ракодтой баххæст кæнын æмæ баулæфынмæ. Разæй уыдис ноджы зындæр тохы фæндаг- ныддæрæн кæнын хъуы- дис Днепры фидæрттæ, доны иннæ фарсмæ ахизын. Æмæ та цæуынц размæ. Æрæгвæззæг. Хуссар Украинæ. Цыдысты го- рæт Херсонмæ комкоммæ. Уым сын Днепрыл ахизын нæ бан- "гыст æмæ Никополы ’рдæм фездæхтысты. Цалынмæ Днепр 127
нæма ныссалд, уæдмæ дзы нæ сапертæ понтонон хидтæ апы- вæзтом. Иу цалдæр дæлхайы дзы ахызтис рахис донбылгæ- ронмæ. Бирæтæ-иу дзы æд сармадзантæ доны аирвæзтысты. Гитлеронтæ бомбæтæ калдтой, артиллерийæ æхстой, хид-иу фехæлд æмæ та-иу æй махонтæ уыцы карз зымæджы хъызты сарæзтой. Фаллаг фарсмæ цы хæстонтæ ахызт, уыдоны немы- цæгтæ тыхджын æхстæй доныбылмæ нылхъывтой. Фæлæ ма- ^хонтæ уæддæр сæ плацдарм нæ радтой, фæстæмæ лæууæн нал уыдис, уæд хъуамæ зымæгон ихджын доны ныккалдаиккой. Стыр мит æруарыд, бамбæрзта сын сæ хæцæнгæрзтæ, сæхи дæр. Бæрæг ма уыдысты сæ комы тæфæй. Уæдмæ Украины стыр фурд Днепр тынг бæзджын их сæвæрдта æмæ не ’фсæд- тæ ууыл размæ абырстой. Уым фæтох кодтой 1944 азы ян- вармæ. Карз тохты фæстæ сæрибар æрцыдис горæт Никополь æмæ йын йæ ном сæвæрдтой 61 -æм дивизийыл. 48592-æм æф- сæддон хайы (ома 221-æм æхсæг полчы) салдæттæ æмæ афи- цертæ, уыцы нымæцы Бекъойты Гаврил дæр, райстой Сæйраг хистæркомандæгæнæджы арфæ. Немыцæгты Никополы плац- дарм скуынæг кæныны æмæ Днепрыл ахизыны хъайтарон тох- ты активон хайадисты сæраппонд Бекъойы фырт дыккаг хатт хорзæхджын æрцыдис Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй май- данæй. Уый фæстæ 61-æм Сырхтырысаджын Никополы æхсæг ди- визи æрвыст æрцыд Белорусси ссæрибар кæнынмæ. 1-аг Бело- руссаг фронты сконды архайдта Варшавæйы здæхты. Цæугæ- дон Бугы балæгæрстой, иннæ ’фсæддон хæйттимæ ссæрибар кодтой Бресты фидар. Уырдыгæй сæ Орелы областмæ акодтой æмæ иу чысыл хъæуы 3—4 мæйы фæулæфыдысты. «Улæфт», зæгъгæ, фæлæ дохтыртæн, санитартæн уый улæфт нæ уыд. Хос кодтой иуæй-иу рынчын, тохты сыдыхуæвæг хæстонтæн... Уыцы рæстæджы дзырдтой, зæгъгæ, немыцæгтæ контрраз- мæбырст хъуамæ саразой Хурыскæсæн Пруссийы æмæ махонтаз уымæ сæхи иттæг цæттæ кодтой. Фæлæ немыц нæ рабырстой. Уый уыдис 1944 азы фæуды—1945 азы райдианы. Не ’фсæдтæ Пруссимæ бафсæрстой. Иу, райсом раджы нæ артиллери тынг æхсын райдыдта. Знагыл сæхи ныццавтой нæ хæдтæхджытæ.. — Уæды онг æз ахæм æхст никуы федтон. Зæхх æмæ арв сиу сты. Зæхх æнкъуыстис, мит дон кодта нæ «Катюшæты» æхстæп. Топпыхосы тæфæй сулæфæн нал уыдис. Батыдтам. немыцæгтæ бирæ рæстæджы кæй арæзтой, уыцы фидæрттæм. Бæлæстыл хихтæ нал баззад. Салд зæхх ^фæрсчытæ хаудта. Гитлеронтæ траншейтæй уæлæмæ схизын дæр нал бафæрæзтой. Иæ «штурмовиктæ» сæм ныллæг æртахтысты æмæ сæ цагътой. Алæгæрстой сыл нæ танктæ, — дзырдта /,дарддæр Бекъойты Гаврил. $' . ,<" — О, æмæ ма дын уый зæгъинаг уыдтæн. Уый фæстæ мах 123
Хурыскæсæн Пруссийы размæ куы бырстам, уæд Плиты Иссæ- "-.^ бæхджынтæ та уыдысты немыцæгты арф фæсчъылдым рей- 1Ы æРхъУла сыл к°Дт°й æмæ сæ йæхи уацары чи нæ лæвæрдта, ыдон æхсаргæрдтдей челха кодтой, — йæ ныхасмæ ма бафтыд- \а тохвæлтæрд старшинæ. Кенигсбергæн йæ хуссарвæрсты бацыдысты. Балты ден- 1>кЫзмæ бахæццæ сты. Донбылгæрон гитлеронтæ акалдтой сæ хæдæнгæрзтæ, хæлцад, транспорт æмæ, сæ сæрæн цы зыд’той, \ъш кодтой. 1945 азы марты 61-æм æхсæг дивизи æрвыст æрцыд иогæй Варшавæйы ’рдæм. Вислæ æмæ Одерыл ахизгæйæ, йæ хæстонтæ размæбырсты ацыдысты фашизмы лæгæт — Бер- лннмæ. —Хæстонтæ æмæ командирты зæрдæтæм куы ныккастаик- кат! Ныр сæ алкæмæн дæр бæрæг уыдис, уæлахизы бон æввах- сæй-æввахсдæр кæй кодта! — хъæлдзæгæй сулæфыд Бекъойы фырт. Ливгъуыдта апрель. Æрлæууыдис май. Бæстæ цъæх-цъæ- \ид адардта. Цыдæр символикои уыдис уалдзæджы æрлæуд æмæ Уæлахизы боны æрлæуд. Махонтæ бабырстой Берлины уынг- га’.м. Х(пстонты ма цы урæдта! Рейхстагыл сфæйлыдта Уæлахи- зы Сырх тырыса. Знаг саст æрцыд æмæ йæ зоигуытыл æрлæу- уыд!.. Дивизийы хæстонтæ 2—3 боны баззадысты Берлины. Фæлæ Чехословакийы гитлерон инæлартæ сæхи нæма лæвæрдтой, æх- хæст сæ нæма уыриыдта, сæ хæстон машинæ дæрæн кæй æрцы- дис, уый. Уырдæм æрвыст æрцыдис 61-æм Сырхтырысаджын, Ленины æмæ Суворовы орденхæссæг, Никополы номыл æхсæг дивизи. Знаджы уыцы зынджы артдзæст дæр нымæг æрцыдис Æмæ тохвæлтæрд дивизи рацыд Белоруссимæ. ...Фараст хæстон хорзæхы райста Бекъойты Христафоры фырт Гаврил. Берлин бацахсыны сæрыл тохты хъæбатырдзииад æмæ æхсардзинад равдисыны тыххæй уымæн лæвæрд æрцыд Сырх Стъалыйы орден. Уый ма хорзæхджын æрцыд цалдæр -’иайданæй. Бекъойы фырт областон музеймæ æвæрынмæ радта Сæйраг Хистæркомандæгæнæг И. В. Сталины фараст арфæйы. Мæнæ лзы сæ иу: «Берлины сæрыл историон тохы хайадисæг Бекъой- ты Христафоры фырт Гаврилмæ. Советон Æфсад æмæ флоты а’фсæдтæн Сæйраг Хистæркомандæгæнæг, Советон Цæдисы Маршал И. Сталин дын 1945 азы 2-æм майы №359 бардзыр- Дæй Берлины сисыны сæрыл тохты иттæг хорз архайдтыты тых- лæй расидтис бузныгдзинад. 48592-æм æфсæддон хайы коман- Дир гв. дæлбулкъон|Степченко». Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тымыгъты цыппар азы дæргъы нæ райгуырæн Кавказы хохрæбынтæй суанг Берлинмæ салдаты пыгæмбæрзт цырыхъхъыты цыдис æмæ цыдис уæлахиз хæссын- ^ав мæлæты кæрæф æмæ зыд цæстытæм комкоммæ кæсгæйæ. йаз 9*. 129
хазстои æмбæлттæй бирæтæ нал сæмбæлдысты уыцы æрдхæрæ- ’ны уалдзыгон боны зæрин хуры тынтыл. Уыдон сæ сæр нывон- дæн æрхастой, 60-аздзыд тохвæлтæрд ирон лæгау-лæг нæ го- рæты скъолаты фæсхæст æнусы цыппæрæм хайы дæргъы цы ног фæлтæр хъомыл кæны, уыдон цардамонд æмæ рухсдæр фидæны охыл. Æмæ рæзгæ фæсивæды хъомыл кæныны уыцы ахсджиаг хъуыддаг та Бекъойты Гаврил, хæсты быдыры райсгæ хорзæх- тау^ нымайы иууыл æвæджиагдæр æмæ кадджындæр хæсыл„ уымæн æмæ адæмы хорзæхæй уæлдæрс никуы ницы ис! *
Гаглойты Аким ÆРТÆЙÆН ФÆЙНÆ КЪАХЫ Грачев Илыг 1тыр Фыдыбæстæйон хæст адæмы зæрдæты бирæ мæдгæмттæ ныууагъта. Иæ дарæг тохы быдыры, æнæзонгæ уæлмæрды ныгæд кæмæн æрцыд, уый зæрдæ нырма дæр æн- цой нæ ары. Фæлæ фашистон лæгхорты ныхмæ чи тох кодта, >ыдонæн сæ хъысмæт æндæр æмæ æндæргъуызон аскъуыд- лзаг. Чи сæ царæфтыд фæцис, чи та онгцухæй йæ фыды уæ- зæгмæ сæрæгасæй æрыздæхт. Бынтон æндæргъуызон рауад, ма>н радзурын кæй тыххæй фæнды, уыцы хæстонты хъысмæт/ Бестауты Лео Дидмухайы колхозы ныфс уыд. Кæд к’олхозы бирæ механизмтæ нæ уыдис, уæддæр уыдон чи ифтонг кодта- ид, хъæубæсты ахæмтæ бирæ нæ уыд. Лео рæвдз кодта авто- машинæты, тракторты, тауæн машинæты, куыста трактористæй, шоферæй. Хорз куыста, хъуаг дæр ницæмæй уыд, фæлæ йæм сæвзæрд æндæр хъуыды. Æфсадмæ æрсидыны афон ын нæ уыд, афтæмæй сфæнд кодта бархийæ Сырх Æфсадмæ ацæуыи. Йæ ныййарджытæ^ч цæхгæр æрлæууыдысты Леойы фæнды ныхмæ, фæлæ нæ б’акаст сæ коммæ. Бестауты Лео *6алдаты мундир скодта Ленинграды об- ласгы. Иæ ахаст æмæ æфсæддон хъуыддаджы æвзыгъддзина- Ды тыххæй йæ бирæ бауарзтой хистæртæ. Бирæ рæстæг нæма 131
Бестауты Лео рацыд, æфсады службæ кæнын куы райдыдта, уымæн, афтæ райдыдта Финляндиимæ хæст. Уым æрвыл бон дæр тохы цæ- хæры фæстæ никуы фæлæууыд. Фæцæф. Иу мæйы фæстæ йæ хъæдгæмттæ æххæст дæр нæма бадзæбæх сты, афтæмæй фæс- 4 тæмæ æрыздæхт, цы дæлхайы службæ кодта, уырдæм. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон, ха>ст. Нæ райгуырæн бæс- тæйы зæрдæ — Мæскуы уыдис тасы уавæры. Уый знагæй бахъахъхъæныны карз тохты активон хайад райста ирыстой- наг лæппу дæр. Командæкæнынадын йæ æвзыгъддзинад куы ба- зыдта, уæд æй ракодта 742 зенитон полчы штабмæ шофырæй. Цыфыддæр знаг бырсы Мæскуымæ. Раззаг хаххы дæл- хæнттæн фесты сæ сармадзаны нæмгуытæ, бахаудтой тæссаг уавæры. Фашистон хæдтæхджытæ æмæ сармадзантæ ихуарæ- гау згъалынц нæ хæстонтыл, фæлæ махонты сæ арм нал амо- ны сæ ныхмæ фæлæууын, нал сæм ис нæмгуытæ. Уыдонмæ нæм- гуытæ ласыны хæс йæхимæ райста Лео æмæ йæ æххæст дæр скодта. Ахæм æвирхъау зынджы бын фаг нæмгуытæ баласта æмæ уый батарейтæн фадат радта знагæн карз дзуапп радтын., Дхæм лæгдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзи- нады тыххæй медалæн. Фашистон æфсæдтæ тард. æрцыдысты, Мæскуымæ бацæ- уаэнтæй. Знаджы дæрæнгæнгæйæ, дарддæр цыд, Лео цы полчы службæ кæны, уый. Иæ цардыл нæ ауæцдгæйæ полчьь дæл- хæйтты Бестауты Лео цух нæ уадзы нæмгуытæй,- хæлц æмæ æндæр хъæуæг æрмæджытæй, раззагон’ хаххæй фæстæмæ та цæ’ф хæстонты ласта. 132
Чн сæ фæнымайдзæн, цал горæты æмæ хъæуы ссæрибар- ка-ныны райста хайад Украинæйы æмæ Белоруссы зæххыл. ,чг ’ Уæззау цæф кæм фæдæ, зæгъгæ, куы афарстон Леойы, уæд нудзæвгар ахъуыды кодта æмæ радзырдта: ус — Уый уыдис 1945 азы райдианы Германы зæххыл, кæцы горæт уыдис, нал æй хъуыды кæнын. Æртæ хатты полчы æф- тауцдонæй батарейтæм баластон нæмгуытæ. Цыппæрæм хап ф{1?ста?мæ куы раздæхтæн, уæд ныл фашистон дыууæ хæдтæ- ха-джы æркалдтой бомбæтæ. Иу дзы фехæлди мæ машинæйы хæдразмæ. Мæ цæстытæ аталынг сты, ницыуал бамбæрстон. фондз боны фæстæ мæхи чысыл æикъарын райдыдтон, мæ къах агъды рæбынæй дæлæмæ ам нал ис,мæ сæр иуырдæм фæзилын нал комы, бæрзæй лыгтæ. Не знæгтыл дæр ахæм м» куы ’рцæуид. Æхсæз мæйы ме ’намонды цард арвыстон гос- ииталы æмæ афтæмæй æрцыдтæн мæ фыды уæзæгмæ æнæ къахæй. Фæлæ, табуафси, нæ хицауады фæрцы онгцухæй дæр цæрын фæразын. Раст загъта Лео, цæрын фæразы. Кусы, фæллой кæны, 64 сомы исы пенси. Цхинвалы сарæзта дыууææддæгуæлæ ка- ппталон цæрæн хæдзар. Хицауад ын æнæаргъæй радта рог ав- томашйнæ «Запорожеи». Иж хъысмæт афтæ рауад Грачев Ильяйæн лæр. Уый уы- дис 1937 азы. Цхинвалы аэродромы хъуыдис хæдтæхджыта» цалцæггæнæг специалист. Грачев уæд куыста Мæскуыйы иу- авиацион заводы æмæ уырдыгæй æрвыст æрцыд Цхинвалы аэродроммæ. Райдыдта хæст æмæ бахъуыдис уый сæр дæр, фæстæ нæ фæлæууыд. Зын тохы фæндагыл рацыд Илья хæсты райдианæй. Сау Денджызы былтыл Туапсейæ Хъырымы онг тохты уый хайад кæм нæ райста, ахæм горæт нæй, фæлæ иууыл тыигдæр йæ :*а?рдыл ’лæууынц Новороссийск æмæ Севастоподь. Новорос- сийск байстой фашисттæ. Денджызон флоты 65 бригадæйы иу дæлхай, Грачев кæм службæ кодта, уый баззад «Чысыл зæххыл». Знаг æппæт тыхтæ радта дæлхайы хæстонты скуы- назг кæныимæ. 8 боны дæргъы уыдон тох кодтой фашистты пыхмæ, иу метр дæр нæ алæууыдысты фæстæмæ.. Уæдмæ сæм æххуысмæ фæзындысты нæ хæстонтæ, знагæн фæкодтой сæр- сæттæн цæф æмæ горæт сæрибар æрцыд. Анапа, Темрюк, Кер- чы сакъадах, Керчь, Севастополь æмæ Сау денджызы былтыл æндæр цæрæн пунктты карз тохты алы ран дæр активон ха- йад райста нæ æмбæстаг старшинæ Грачев, фæлæ ууыл н«т фæцис уымæн йæ хæстон фæндаг. Украинæйы зæххыл гитлеронты ныхмæ хæсты бирæ хъæ- батырдзинæдтæ равдыста уый. Цал æмæ цал хæстон æмбалы фæмард Ильяйы цур. Æппæт уый уынгæйæ, уымæ æвзæрд тынгдæр фыдæхдзинад немыцаг лæгмартæм. Горæттæ Мил- лерово, Ростов, Киев æмæ Украинæйы æндæр бирæ цæрæн 133
пуиктты немыцæгтæй фæстæмæ райсыны алы ран дæр йæхи равдыста уæндон æмæ хъæбатырæй. Фашисттæ сæхи æрфидар кодтой горæт Ровнойы. Грачев цы взводы уыдис, уый ацыдис радон абырсты. Уыцы тохы фæмард взводы командир. Гра- чев йæхимæ райста взводыл командæкæныны хæс æмæ йæ хæстонты акодта джебогъæй тохмæ. Афтæмæй, фашисттæн бирæ зпæнттæ бакæнгæйæ, фæуæлахиз сты, кæд нæхиуæттæй дæр дзæвгар фæмард, уæддæр. Ахæм лæгдзинад кæй равдыс- та, уымæ гæсгæ хорзæхджып æрцыд «Хъæбатырдзинады тых- хæй» майданæй. Уæдæй фæстæмæ командæкæнынад Ильяйы бæрны пыууагъта взвод. Уый йæм сæвзæрын кодта ноджы тынгдæр бæрндзинад, хъайтардзинады ныфс æмæ йе взвод алы хатт дæр уа*лахиз кодта хæсты быдыры. Польшæйы зæхх. Советон Æфсад размæ бырсы, гитлеронты дæрæн кæнгæйæ. Бабырстой Варшавæмæ. Фæстаг тыхтæ ма фæлвæрдтой фашисттæ, фæлæ сын дзы ницыуал рауад, ныу- уагътой горæт. Ильяйы взводæн бахæс æрцыд, цæмæй знаджы сура размæ. Афтæмæй фашистон сармадзаны схъисæй фæцис уæззау цæф. Аст боны фæстæ йæхи хуыздæр æнкъ’арын райдыдта горæт Ровнойы рынчындоны, фæлæ йæ агьды тæккæ рæбынæп дæлæмæ ницыуал аззад. Æз бадын Ильяимæ йæ хæдзары. Фенын мын кодта; йæ хæстон фæндаджы документтæ, командæкæнынады бузныджы гæххæттытæ, æртæ майданы. Де нæниздзинад куыд у, зæгъгæ,' уымæй йæ куы афарстон, уæд арф иыуулæфыд æмæ кæуынхъæ- лæсæй загъта: — Тыпг мæгуырау. Æмцой мын нæ дæттынц фашистон сармадзаны схъистæ. Ма> сины стæг æмæ фæрсчыты ’хсæн æрбынат кодтой æмæ мæ тынг хъыг дарынц. Дохтыртæ мын дзурынц, операци дын скæнæм, сисæм сæ, зæгъгæ, фæлæ мæ пыфс пæ хæссьш. Æнæуи цардæй цух мæ дæн. Исын пенси, мæ иунæг фырт ахуыр фæцис Мæскуыйы æфсæддон-инженерон институт, радтой йын лейтенанты ном, кусы уым æмæ нæ цух нпцæмæн уадзы. Æрæджы райстон автомашинæ «Запорожец». Хъуаг нæ дæн хæдзары дзаумæттæй дæр. Цæгат Кавказ, Украинæ æмæ Латвийы удуæлдай тохты хъæбатырдзинадæй цух нæ уыд цхинвайлаг салдат Мелкоев Георги дæр. Зын æмæ кадджын тохы фæндагыл рацыд уый дæр Райгуырæн бæстæ намысджынæй бахъахъхъæныны сæрап- понд. Сæ банымайын дæр зын у, Георги фашистон тыхæйис джытæп цы горæттæ æмæ хъæутæ ссæрибар ка>ныиы иста ха- йад, уыдонæп. Къухæй-къухмæ цыд горæт Белгород, Георги цы дæлхайы службæ кодта, ’уымæн бардзырд лæвæрд æрцыд, гитлеронтæ сæхи цы хæдзæртты æрфидар^ кодтой, уырдæм бабырсыи иу мæйдар æхсæв. ТДадæггап бацйдысты. хæдзæрттц размæГ Фæфипппайдтой сæ немыцæгтæ, сытьшг карз тох уынг- ты, хæдзæртты. Гитлеронтæй дæсгæпттæн сæ цард фæцнс амэ 134
æЛахиз сыл сты. Уым хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый ыххæй хорзæхджьш æрцыд Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй л1апданæй. Георгийæн иæ уæндон æмæ хъæбатырдзинады миниуджы- æ куы базыдта полчы ч командиры политикон фадыджы хæ ’тпвазг, уæд азй йæхимæ ракодта цумагæнæгæй, йæхи бауарзыи ;<оДТа/ ныфсхаст æмæ æнæзивæг кæй уыдис, уый тыххæй. Фæ- *æ йæ дард нал ахаста йæ хæстон фæндаг. Полчы дæлхæптты 'п'арТОрганизацитæй зонæнтæ куы æмбырд кодта Латвийы карз тохты рæстæджы, уæд знаджы сармадзаны нæмыджы схъистæ иыппырх кодтой коммунист Георгийы агъд æмæ цонг. Госпи- талы бирæ фæцархайдтой дохтыртæ йе сдзæбæх кæныныл, фæ- лæ сын нæ бантыст, йæ агъды рæбыныл лыг æрцыд къах. нонг сдзæбæх. Ха^сты быдыры намысджынæй тох кодтой гитлеронты ныхмæ Георгийæн йæ дыууæ фырты: Вася æмæ Симон дæр. Цæгат Кавказы, Мæздæджы. уæззау цæф фæцис Симон æмæ цæнкуылтæй æрыздæхт йæ фыды уæзæгмæ. 1943 азæй 1906 лзмæ Советон Æфсады службæ кодта Вася. Фашистты ныхмæ карз тохты бирæ хъæбатырдзинæдтæ равдыста Вася дæр. Уы- мач! æвдисæн сты, цы хорзæхтæ райста, уыдон. Ис ын капита- ны ном æмæ кыртæккæ Цхинвалы кусы автоинспекторæй. Си- моп та кусы завод «Эмальпроводы». Æртæ адæймаджы хъысмæт. Бестауты Лео, Грачев Илья д’мт Л^елкоев Георги. Сæ иу йæ къах агъды рæбынæй дæлæ- лир Германы зæххыл ныууагъта, иннæ Польшæны, аннæ та Латвнйы. ^
Гаглойты Аким ХÆХХОН ЛÆППУЙЫ ХЪЫСМÆТ удисы хъæу. Ам царднс сабийæ фæстæмæ Бестауты Алыксандр. Кусынхъом куы фæцис, уæдæй фæстæмæ нын æры- нцоп пæ уыд. Кусгæ кодта æхсæвæй-бонæй, фæлæ нæ фæззæ- джы фæллой уалдзæгмæ нæ фаг кодта. Нæ бæстæйы фæллойгæнджыты Октябры хур куы бахъарм кодта, уæд барухс Алыксандры зæрдæ дæр.. Ции кодта, кæд ныр цардæп исты фениккам, зæгъгæ, фæлæ йэе цин, йæ фæндтæ не сæххæст сты. 1917 азы кæрон фæцис йæ цард. Æнахъом сабита баззадысты сæ мад Нинойы æвджид. Бестауты сидзæртæ куыд рæзтысты, афтæ сæ алчн йæ цар- ды фæндаг агуырдта. Алыксандры фырт Дзамбол Гудисы хъæуы скъолайы фæн дзæм кълас каст куы фæцис, уæд ын дарддæр ахуыры фадат нал фæци æмæ* цалдæр азы фæцыд фыййау. «» Сæрдыгон хурбон. Дзамбол йæ фос Хуссар сæрвæты баз- дæхта, дурыл æрбадт æмæ ныхъхъуыды кодта: 136
«Цы бачындæуа, кæдмæ цæудзынæн адæмы фосы фæдыл (Ьыййау. Мæ карæнтæ ахуырмæ сæ хъус адардтой æмæ мæн дæр исты амæлттæ хъæуы». Бирæ хъуыдыты фæстæ аскъуыддзаг кодта ахуырмæ фæ- цæуын æмæ дыккаг райсом йæ мадæн афтæ зæгъы: — Нана, цæуын ардыгæй, саби нал дæн æмæ æз дæр мæ- цард ссарон. . > Мад сразы йæ фырты фæндоныл, барæвдз æй кодта, бафæ- дзæхста йæ æмæ Дзамбол йæ фæндаг скодта Цхинвалмæ. Бонизæрмæ Дзамбол зилы Цхинвалы, агуры куыст, фæлæ-' ]кс ары бынат. Сбон кодта зонгæты хæдзары. Дыккаг бон ыл фембæлдысты зоцгæ лæппутæ æмæ йыи заг'1Т0Й, Ростовмæ ахуыр кæнынмæ кæй цæуынц, уый тыххæй. Рану, зæгъгæ,' немæ. Дзамбол фыццагхаттт сбадт поезды. Цæуынц æртæ хæххоп лæппуйы сæ цардагурæг. Æрталынг, афтæ сты РостовьГ вокза- лы, сбон кодтой уым. Мæгуыр лæгмæ дæр амонд хатт фæзыны. Лйстой Дзамболы педагогон техникуммæ. Райдыдта ахуыр кæ- иын, фæлæ йæ хъуыддаг нæ цæуы, нæй йын ахуыры фадæттæ,. уæлæдарæс, æхца æмæ дыккаг аз нал бацыд ахуырмæ. Уый уыднс 1932 азы. Дзамбол кусын райдыдта Донбассы шахтты. Æвзыгъд, хъæбатыр лæппуйы бирæ бауарзтой æмбæлт- тæ. Цалдæр мæйы фæстæ бархийæ ацыд Сырх Æфсадмæ. Скод- та салдаты дарæс. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыд æфсæддон служ- бæ æмæ йæ хъаруйыл нæ ауæрста, хæстон-политикон ахуырьг уыд цæвиттойнаг. Каст фæцис полчы æхсæзмæйон скъола æмæ* йын радтой сержанты ном. Сæххæст йæ службæйон рæстæг, фæлæ йæ рацæуын нæ фæндыд. Уæд ныффыста рапорт хистæр- тæм, уæлæмхас службæйы мæ ныууадзут, зæгъгæ, æмæ йын æх- сызгонæй сæмбæлдысты йæ фæндоныл, службæ кодта горæт Орджоникидзейы саперон взводы старшинæйæ, политикон-тех- пикон ахуыры цæвиттойнаг кæй уыд, уымæ гæсгæ æрвыст æр- цыд Харьковы танкæйон ахуыргæнæндонмæ æмæ йæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис1938 азы, райста лейтенанты чии ^мап йæ снысан кодтой танкæйон взводы командирæй. Райдыдта Финляндинмæ хæст. Бестауы фыртмæ фæсидты- сгы Ленинградмæ. Уым нысан æрцыд танкæйои ротæйы коман- дирæй æмæ æрвыст æрцыд фронтмæ. Уыцы карз тохты фæцæф. Æртæ мæймæ госпнталы йæ хъæдгæмттæ куы бадзæбæх сты, уæд та горæт Орджоникидзейы (ам уыд госпитал) фистæг æф- сады ахуыргæнæндоны курсантты ахуыр кодта танкисты дæс- пыйадыл. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хæдагъоммæ Бестауты Дзам- бол æрвыст æрцыд Гродномæ æмæ кусын райдыдта танкæйон* ротæйы командирæй. Райдыдта хæст. Сæр бахъуыд Райгуырæн бæстæйы фыдызнагæи бахъахъхъæныны тыххæй. Фæстæ нæ фæ- лæууыд Дзамбол дæр. Ардыгæй райдыдта йæ тохы фæндаг. 13Г
Фашистон æфсад бырсын райдыдта размæ. Фæстийæ зайынц дæсгай советон горæттæ æмæ сæдæгай хъæутæ. Дур-дурыл нал уадзынц. Не ’фсæддон хæйтты рæстæгмæ фæстæмæ алæууын куы бахъуыд, уæд уыдонимæ уыдис Бестауты хæстон дæр йæ танкæйон ротæимæ, бирæ зиæнттæ кодта уьшы тохты дæр знæг- тæн. Сталинграды карз тохты Бестауты Дзамбол цы танкæйон ротæйыл командæ кодта, уый хъæбатырдзинады кой айхъуыст дардыл. Уый тыххæй Дзамболæн радтой капитаны чии æмæ йын йæ бæрны бакодтой- танкæйон батальон. Размæбырст. Карз тохтæ. Бирæ сты, тынг бирæ, Дзамболы -батальон цы хъæбатырдзинæдтæ равдыста, цы горæттæ æмæ районтæ ссæрибар кæныны хайад иста, уыдон. Чи сæ фæнымай- дзæн, фæлæ ма дзы ныр дæр йæ зæрдыл дзæвгар лæууы. Цыд Ростовы сæрыл карз тохтæ. Горæт цыд къухæй-къух- мæ. Дзамболы батальопæн бардзырд лæвæрд æрцыд, цæмæй скæсæнырдыгæй бацыдаид горæтмæ. Уыцы бардзырд сæххæст кодта иамысджынæй. Æхсæвыгон бабырстой горæты кæронмæ -æмæ уым сæхи ’рфидар кодтой. Фашисттæ ма бацархайдтой уыдон уырдыгæй асурыныл, фæлæ сæ бон нал бацис. Уыцы тох- ты арæхст æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй Дзамболы схорзæхджын кодтой Фыдыбæстæйои Хæсты фыццаг къæпхæны орденæй. Цыдысты бонтæ, карз тохы бонтæ. Хæсты тæккæ цæхæры алы хатт дæр уыдис ирон капитан. Размæ, æрмæстдæр размæ, фæста? никуы фæлæууыд цыфæнды зындзинæдты дæр. Иæ тан- кæтæ æдзух фæндаг гæрзтой фистæг æфсæдтæн. Харьковмæ бацæуæнтæ. Гитлеронтæ сæхи æрфидар кодтой гораэты. Атакæйы ацыд Дзамболы батальон. Скуынæг кодта æртæ танкæйы æмæ дæсгай гитлеронты. йæ батальоныл дæр æрцыд бирæ зиæпттæ, фæлæ фæуæлахиз сты махонтæ. Уыцы карз тохы Дзамбол фæцис рог цæф, æрвыстой йæ госпиталмæ, фæлæ пе сразы, нæ ныууагъта тохы быдыр. Уыцы хъæбатырдзи- иæдты тыххæй та хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы ор- дешы). Дард уыд прон хæстоны тохы фæндаг, лæгдзинад æмæ хъæ- батырдзинады фæндаг. Украинæ æмæ Белоруссы зæххыл тох- ты лæгдзинад чи равдыста, уыдоиæй сæ иу уыдис Бестауты .Дзамбол. Карз гохтæ цыдис горæт Кенигсберг сисыны сæрыл. Фыд- ызнаг æппæт амæлттæй дæр архайдта уырдæм Советон Æф- •сады ма бауадзыныл, пайда кодта хæстон техникæйы хуызтæй. Æнцой иал лæвæрдтой нæ хæстонтæн. Уыцы тохы уæззау цæф фæаис Дзамбол, йæ буарыл æнæхъæн бынат нал баззад. Фæрс- чыты батыдтой сармадзаны нæмыджы схъистæ, уæхск, цайнг- тæ, къæхт«т — пырх, афтæмæй йæ æрдæгмардæй раластой тохы •Гыдырæй. Госпиталы 7 мæйы бæрц фæтох кодтой йæ царды 338
фыл. Дзамбол сдзæбæх. Хæсты фæстæ æрыздæхт йæ райгуы- н хъæумæ цъæлтæ æмæ цæнкуылтæй. ^Я Гудж.ы хъæуæй Дзамбол 1949 азы цæрынмæ æрцыд Зна- уЫп|/районы Мугуты хъæумæ. Ам æй барæвдыдтой. Колхозы пазймоиджытæ йын радтой зæххы фадыг, сарæзта дзы хæдзар. Дзæвгар рæстæг рацыд уæдæй фæстæмæ. Хъæдын хæдзары Оæсты сарæзта дыууææддæгуæлæ агуиридурæй амад хæдзар Ш’ дыргьдоя а*мæ сæндонæй зæрдæ рухс кæны. Ма\ бадæм йæ ногарæзт хæдзары кæрты. Мæ разы мын Ландоныл æрæвæрдта ордентæ æмæ майданты документтæ. Ертæ орден æмæ фондз майданы. Документты ’хсæн — цалдæр сЬыстæджы. Уыдон сты Днепропетровскæй. Арфæ æмæ бузны- джы фыаæджытæ... Йæ æна^низдзинад куыд у, уый тыххæй йæ куы афарстон, \æд, арф хъуыдыты ацæуыны фæстæ, загъта: — Раппæлинаг нæу. Мæ игæры нырма сармадзаны нæмы- лжы схъпс нс, тынг мæ хъыг дары. Афтæ ме ’нгуылдзты астæу- ть’ æмæ агъды цы схъистæ ис, уыдон дæр. Пенси исын. Алы аз дæр мып æыæаргъæй радтынц путевкæ. Гъс, ахæм у хæххон лæппуйы цард æмæ тохы фæндаг. *
Валенчик. Юргг АРВ ÆМÆ ЗÆХХ вететы Къоста сидзæрæй баззад хæрзчысылæй. Хъомыл кодта сабыр, æргомзæрдæ сывæллон. Куы фестырдæр ис, уæд-иу æнæхъæн бон хъæдты разил-базилæн бахъуыдис. Райгуырæн æрдзы уындæй йæ зæрдæ рухс кодта. Мскуыдæй- искуыдмæ-иу сæ х’ьæу Къусреты сæрмæ арвыл хæдтæхæг куы фæзынд, уæд-иу æм кæсынтыл фæцис: «Тæхуды, искуы æз дæр афтæ куы тæхин, йæхимидæг-иу арф ахъуыды кодта. Æгæрстæмæй-иу хæдтæхæгмæ йæ къух тилын райдыдта. Хъуы- ды кодта, зæгъгæ, дам, мæ, чи зоны, хæдтæхæгскъæрæг фæ- фиппайа. 1938 азы астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд Цхинва- лы аэроклубы райдыдта тæхыны дæсныйад ахуыр кæнын. Аэро- клубы уæды хицау Цхуырбаты Серги, стæй сæ пнструктор Цо- циты Вася, Къостайыл сæ цæст æрæвæрдтой. Цасдæр рæстæ- джы фæстæ Бетеиы фырты снысан кодтой тæхджыты иу къор- ды хистæрæй. * " .'. Иуахæмы Кировабадæй Цхиивалмæ æрбацыдис хæстон .хæдтæхджыты къорд. Уыдысты тæхджыты æвзарыны къамисы уæнгтæ. Авд курсантимæ — иттæг хорз чиахуыр кодта, ахæм- 140
-ямæ иумæ апстой Къостайы дæр тæхджыты ахуыргæпæпдонмæ. \орз сахуыр кодта йæ дæсиыйад. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Кировабадæй Къос- та æмæ йе ’мбæлтты арвыстой æхсæвыгон бомбæзгъалæг авиа- цийы хæдтæхæгскъæрджыты ахуыргæнæндонмæ. 1942 азы ноя- бры Бетейы фыртæн лæвæрд æрцыд кæстæр лейтеианты пом æМæ йæ курсантты хуыздæртимæ иумæ арвыстой Мæскуыйы цурмæ, Юхновы горæтмæ. Службæ кодта 24-æм бомбæзгъалæг авиаполчы. Æрыгон хæдтæхæгскъæрæг йæ фыццаг хæстон фæлтæрд- дзинад райста Смоленскы цур. Уымæн штурман Климченко- пмæ хæсгонд æрцыд Богушевскаяйы станцы районы знаджы æфсæдты равæрд сбæрæг кæнын. Ныхмæлæууæджы æфсæдты æмæ техникæ тыгуырæй куы бафиппайдтаиккой, уæд сыл хъуа- мæ бомбæтæ æркалдтаиккой. Тахтысты иттæг зын уавæрты. ^.рвыл-иу мигъ ныббадт, æхста знаджы зенитон артиллерн. .-Емæ æрмæстдæр сæ арæхст æмæ хъæбатырдзинады руаджы фсрвæзтысты мæлæтæй. Сæ хæс иттæг æнтыстджынæй сæххæст кодтой, афтæмæй æрдæгпырх хæдтæхæг æрбадын кодтой сæхи аэродромы. 1*943 азы райдианы кæстæр лейтенант Бетейы фырты аив- той 430-æм бастдзинадон эскадрилимæ. Тæхджытæ-бастдзи- надоиты сæйраг хæс уыдис знаджы раззагон позицитæ скуы- нæг кæнын æмæ сусæг документтæ иу ранæй иннæ ранмæ ласын. Уый уыдис 1944 азы декабры æфсымæрон Польшæиы зæх- хыл. Митфæлдзæгъдæн кодта. Къостайæн бахæс кодтой Люб- линæй Седлецы горæтмæ æвæстиатæй армийы штабы хицауы æрбаласын. Тымыгъ сдымдта. Хæдтæхæг бæрзонд арвы тыгъ- . дады дыууæрдæм рахау-бахау кодта. Фæлæ уæддæр арæхст- джын ’тæхæг йæ машинæ бæрæг æмгъуыдмæ бынатмæ фæ- хæццæ кодта. — Стыр бузныг, мæ хæлар, — загъта йын армийы штабы хицау хæдтæхæгæй хизгæйæ. Бстейы фырты къух зæрдæбынæй нылхъывта, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Нырма уал, ’æри æмæ тамако бадымæм. Стæй дæ бон У фæстæмæ, аздæхай. Рæствæндаг та-иу фæу. Дæ хорздзинад Дын нæ ’ферох кæндзынæн. Æмæ та ^хæдтæхæг ногæй арвы тыгъдады февзæрд. Ты- мыгъ чысыл фенцад. Фæлæ уæддæр уыдис зынтæхæн. Æвип- пайды Кьоста ауыдта, фæстæты йæм знаджы æртæ «Мессерш- митты» кæй æрбацæйтахтысты, уый. Бахауд зын уавæры. Иу- нæг уысмæи дæр/дзæгъæлы сæфæн нæй. Р1æ цард лæууы æрду йыл. Советон хæдтæхæгскъæрæг знæгты афæлывта, æмæ цас- дæр рæстæджы иæ хæдтæхæджы хъæдгæрон бар-æнæбары æр- бадын кодта. йæ';<машинæйæ æрхызт, иу сæдæ метры азгъорд- та æмæ къутæрты йæхи бааууон кодта. Знаджы «Мессершмит- ■141
та1» йын йæ хæдтæхæджы алыварс фæзилахар кодтой, сау ха- лæттау, иу дзæвгар æй æхстой, стæй фæстæмæ сæ базæмаз атахтысты. Бетейы фырт бауад æмæ йæ хæдтæхæджы бас- гæрста. йæ базыртæ, фузеляж æмæ йæ матор нал б&ззыды- сты. Лæппу йæ алфæмбылаймæ айхъуыста. Æввахс кæцæй- дæр æм хъуыстис танкæты гуыр-гуыр, пулеметты къæр-къæр. «Цы бачындæуа? Кæдæм цæуон?» — аныгъуылд хъуыды- ты малы. Куыддæр йæхиуыл уæлæмæ схæцыд, афтæ фер- гъуыйау. Иу фæндзай метры фалдæр уыдысты немыцæгтæ. Йæ гуыбыны цъарыл бабырыд къутæртæм æмæ уым æрæм- бæхстис. Фондз фашистон автоматчикы цæугæ-цæуын æхстой, афтæмæп æрбацыдысты Къостайы хæдтæхæджы цурмæ. «Уырыссаг, дæхи радт», — хъуыстис Бетейы фыртмæ сæ фæсус хъæлæс. — Ухх, цъаммæрттæ! Советон хæдтæхæгскъæрджытæ сæхи уацары нæ ’фæдæдтынц! — фæхъæр сыл кодта Къоста æмæ сыл гранат бахста. Гитлеронтæн æртæйæ зæххыл сæ уæлхъ фæцыд, иннæ дыууæ æвæстиатæй сæхи айстой. Бетейы фырт згъордта, гуыбыны цъарыл-иу абырыд, стæй та-иу фæгæпп кодта æмæ та-иу йæ фæндаг дарддæр код- та, цал’ынмæ йæ уæрджытæ йæ коммæ кастысты, уæдмæ, стæй ййо мидбынат æрхауд, йæ бон сыстын нал бацис. Æмбисæхсæвæй ахызтис, афтæ йе ’муд æрцыд. Йæ алы фарс рацу-бацу кодтой æнæзонгæ адæймæгтæ. Иуцасдæр са- гъæсты аныгъуылд, стæй йæ цæсгомыл цины цæссыгтæ ферт- тывтой. Уыдон уыдысты польшæйæгтæ. Бæллæхæй йæ фервæ- зыи кодтой. Стæй йæм сыджытын ныккæндмæ польшæйаг афицер ба- цыд. Къоста йæм лæгъзтæгæнæгау сдзырдта: — Æмбал командир, уæртæ уым ис мæ хæдтæхæг. Уыцы цъаммæрттæ йæ ласдзысты сæхимæ, æвгъау у машинæ... — Ма тыхс, хæлар, æппындæр, — дæ хæдтæхæг махмæ ис, хъахъхъæнынц æй махуæттæ, — дзуапп ын радта уырыссагау æрдæг цъæррæмыхстытæй польшæйаг афицер. йæ райсомы Бетейы фырт телефонæй йæхи сбаста се ’фсæддон хаимæ. Уырдыгæй йын фехъусын кодтой, зæгъгæ, дæм цалдæр боны фæстæ механичы арвитдзыстæм. Польшæйаг хæлæртты æххуысæй, йæ хæдтæхæг сцалцæг кæнгæйæ, Къоста йе ’фсæддон хаймæ аздæхтис. Уым ыл фæ- цин кодтой. ’) Эскадрилийы командир, йæ’ тæхджыты ’рæнхъы слæууьш кæнгæйæ, расидт: - • ^’ *'• — Лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдисыны æмæ^ йæ (хæстон хæслæвæрд æнтысгæйæ сæххæст кæныны тыххаей "кæс- 1тæр лейтенант Бететы Пирузы фырт Константин æвдыст^цæ- уы паддзахадон хорзæхмæ. 142
— Лæггад кæнын Советош Цæдисæн! — уæлдæфы анæ- оыдысты ныфсхаст хæдтæхæгскъæрæджы иыхæстæ. ’ йе ’фсæддон хаимæ иумæ <Бетейы фырт, тохкæнгæйæ, ба- *æццæ Берлины онг. — Мæ зæрдыл ма лæууы иу цау. Уый уыдис хæсты фæуы- цы хзэдразмæ, — фæзæгъы Бетейы фырт, — командæкæнынад мып бахæс кодта, Берлины цæгатырдыгæй уæвæг армийы щтабмæ тагъд фехъусынкæнинаг фæхæццæ кæнын. Фæндагыл бахаудтæн знаджы пулеметты æхсты бын. Мæ цонг фæцæфи. Дфтæ мæм фæкастис^ цыма хъуыддаг бынтондæр фæсыкк ис. Æз мæ тых, мæ бонæй руль мæ риумæ нылхъывтон æмæ хæд- тæхæг æрбадын кæнын кодтон. Мæ цæф цонг бабастон, сцал- цæг кодтон хæдтæхæджы хæлд трос æмæ та фæстæмæ уæл- дæфы февзæрдтæн. Хæслæвæрд æххæст æрцыдис æнтыст- джынæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты лæгдзинад æма$ хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй Бететы Пирузы фырт Къоста хорзæхджын æрцыдис Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны ордентæй æмæ цылпар майда- иæй. Ис ма йын уæлдæр Хистæркомандæгæнæджы 7 б>зныг- дзинады. 1946 азы Бететы Къоста æрыздæхт йæ райгуырæн Хуссар Ирыстонмæ. Æфсадæй æрцæугæйæ, цыппар азы бæрц фæкуы- ста Тхъварчелы шахтæты. 1952 азæй абоны онг номдзыд хæд- гæхæгскъæрæг, авиацийы лейтенант Бетейы фырт кусы завод «Электровибромашинæ»-йы. Йæ куысты нормæтæ кæддæрид- лæр æххæст кæны уæлдайджынтæй. Къоста йе ’мкъай — Остъаты Олгъæимæ (уый дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг у, хорзæхджын æрцыд цал- дæр майданæй) цæрынц æмудæй. Ис’ ын иу фырт — Валери. Уый намысджынæй службæ- кæны Советон Æфсады рæнхъыты. ^
Асаты Реуаз ГЪЕ, УЫЙ ДЫН МÆ МИТÆ... адзур-ма, Суликъо, дæ царды хабæрттæ. — Табуафси! Райгуырдтæн Чъребайæ иу 3 километр æг- тæдæр, Тъбеты хъæуы 60 азы размæ. 1917 азы амард мæ фыд Читъо, 8-аздзыд лæппу уыдтæн, афтæ. Уæдæй фæстæмæ ныл- лæууыдтæн цардагур æмæ кусын райдыдтон æнахъом сабийæ. Фыййауæй .æххуырсты цыдтæн къæбæры мыздыл. Æртæ азы .дæргъы хызтон чъребайаг хъæздыг лæг Церадзе Лентъойы фыстæ. Советон хицауад куы ’рлæууыд, уæд 1922—1925 азты курь- ерæй, цумагæнæг лæппуйæ куыстон Хуссар Ирыстоны ЦÆ1\ •азмæ мидхъуыддæгты управленийы. Иу афæдз бакуыстон агуп- риаразæи заводы саукусæгæй. Уым базонгæ дæн иу дзæбæх лæппуимæ, Дзауы районы Гуфтайы хъæуккаг Джиоты Сер- гиимæ (фæстæдæр бирæ азты дæргъы службæ кодта Кремлы æфсæдты, ныртæккæ у отставкæйы булкъон "æмæ цæры Мæс- куыйы). " *' Уыцы лæппуимæ сфæнд кодтам дарддæр искуыдæм царды ’ фæндагыл ацæуын. Уый араст Уæрæсемæ,чæз та — Хурны- гуылæн Гуырдзыстонмæ. 1926 азы Карелы фыццаг хатт фед- 344
поезд. Ме ,'ккой уыдис голлаг, йæ мидæг нартхоры кæр- ] зыны дыууæ къæбæры’æмæ цыхты къæртт. Æфсæйнаг фæн- ^агыл иннæрдæм ахизын уæндгæ,.дæр нæг кодтон. Стæй иу æронд Усы Фæстæ æз ДæР ахызтæн. Уалынмæ Тбилисæй тæф- 3ас æрбацыд. Æвиппайды ныууасыд æмæ фесхъиудтон — фæ* \грстæн дзы. Уæд ма цæрын зын уыдис. Тугцъир меньшевик- тæ «ын бынæн ныууагътой цъыбыртты сыгъд хъæутæ... Карелы станцæйы мæ иу гуырдзиаг .зæронд лæг афарста: — Чердæм цæуыс, лæппу? ,• — Ачъарамæ, — хъуынтъызæй нын дзуапп радтон, цыма апалшæт мæгуырдзинæдтæ иууылдæр уый аххос уыдысты, уыкау. Билет мын балхæдта йæхихардзæй. Хуыцау -æй сара- зæд. Хорз адæмтæ бирæ ис. Мæ дзыпп’ы иуæ’ндæс сомы йедтæ- мæ нæ уыд. Поезды мын йæ хуыссæн тæрхæг дæр радта. Кæм афчызтн, уый æз зонгæ дæр нæ бакодтон. Фæлæ мæ дыккаг бон райсомæй Кобулеты чидæр райхъал. кодта (æвæццæгæн ын уыцы зæронд лæг бафæдзæхста) æмæ мын бацамыдта, дарддæр Батуммæ куыд цæуын хъæуы,'.уый. Фæдзæхсгæ дæр л1а мæ бакодта, дæ сæры бын,'"дæ нывæрзæн голлаг’ма фесаф, з;ггъгæ. , ... , Поездæй дæрддзæфмæ денджыз куы ауыдтон, уæд. фæди: сау дæн. Раст зæгъгæйæ йæ æз цъæх-цъæхид быдыр фенхъæлд: гоп. Фæлæ дарддæр йæ улæнтæ махырдæм фынккалгæ. куы ’ппæрста, уæд бамбæрстон, дон кæй уыдис. Фæлæ мæхимидæг дис кодтон, уыйас дон иу ранмæ куыд æрымбырд ис, ууыл. "Ныххæццæ дæн Батуммæ. Æрхызтæн, араст дæн æнæ- зонгæ горæты, голладжы мæ нартхоры хъæбæр кæрдзыны .кьсгбæртæ ме ’ккой, афтæмæй. Алцæмæ цымыдис кодтон. Фæ- лæ мæ уæддæр денджыз йæхимæ сайдта. Бацыдтæн йæ был- га’ронмæ. Кæрдзын доны аудæстон. Ахордтон дзы æмæ — цæх- джын. Фæкастæн иуæрдæм. Иу лæг къамбецтыл денджызæй змис ласта. Балæгъзтæ йын кодтон, баххуырста, мæ. Бон мын фыста иу сом. Хорз лæг нæ уыдис. Æхсæвиуат^дæр уымæ бæр- П1' кодтон. Фæлæ хуыссыдтæн, йæ къамбецтæ.цы скъæты уы- лысты, уым (мæ голладжы мемæ цы тæнæг хъæццул æрхас- •ои, уый мидæг тыхтæй). Афтæ йæм }æхсæз ’мæйы бæрц фæ- \ырхтон. ,, , \„* Фæстæд^ер сау кусæгæй бацыдтæн, «Азнефть» кæй хуыд- той. уыцы кондадмæ (ныртæккæ Батумы ♦ нефтуадзæн завод -\уыйны). Ахуыр дæр кодтон изæры ,ск>олайы — ликбезты. 1929 азы ацыдтæн Сырх Æфсадмæ. Уым цъусгай æмбарыи байдыдтон цардьь.^ад. Службæ кодтрн<;.2-аг. æхсæг дивизийы 5-æм гуырдзиаг æхсæг полчы Кутаиры.’Айстой мæ полчы скъо- ламæ. ЛидзынæйДтоппæй æхсынæй’,- джебогъæй æмæ хъæбы- сач'1 хæцынæй, турцикыл хъазынæй ахстон фыццаг бынат. Тынг бауарзтон аэфсæддон дисциплинæ, кæд службæ кæнын æнцон нæ уыд, уæддæр. 10* 145
1930 азы мæ айстой Коммунистон партийы уæнгтæм кан- дидатæй. Уæдмæ полчы скъола дæр каст фæдæн æмæ мæ сны^ сан кодтой ротæйы старшинæйæ («Батумаг ротæ» йæ хуыдтой,. иууылдæр уырдыгæй кæй æрцыдыстæм, уымæ гæсгæ). Йæдык- тсаг аз мæ ахуырмæ арвыстой фистæгæфсæддон скъоламæ. Фæ- дæндзы æртæ азы æмæ мæ рауагътой взводы команди- рæй. 1934 азы æрвыст æрцыдтæн 1-аг æхсæг дивизийы ирок пулеметон взводы командирæй. 1935 азы сæрды стæры ацы- дыстæм Зикъарайы ’фцæгмæ. Хæххон уавæрты ахуыр кодтам хæцын. Сармадзантæ ластам бæхтыл. Уæвджейæдæр, цæй æф- сургътæ уыдысты, цæ! Не ’ккой уæззау дзаумæтты хызынтæ,. пулеметтæ, хæцæнгæрзтæ, хæлцад. Афтæмæй фæлтæрдтам.. Уым сæмбæлдтæн Гæбæраты Реуазыл, Стыр Фыдыбæстæйоп хæсты йæ полк Алагиры цур хохрæбынты гитлеронты ныхмæ- хъæбатырæй кæмæн тох кодта, уыцы арæхстджын лæппуйыл. Уый фæстæ бахаудтæн Бакуйы уæлдæфон хъахъхъæдады æфсæдтæм. Фæндыдис мæ хæдтæхæгскъæрæг рацæуын. Фæлæ- мæ бæллиц нæ сæххæст. Уæлдæфон тыхты зæххон службæйы дивизионæй æндæр æфсæддон хай сарæзтой æмæ та 1-аг гуыр- дзиаг æхсæг дивизимæ æрбаздæхтæн. Уыдтæн ротæйы коман- дир. Уыцы дивизи куынæуал уыдис, уæд службæ кодтон 63-æм æхсæг дивизийы 291-æм полчы. Баурæдтой мæ полчы скъо- лайы хистæры хæдивæгæй. — Ехх, 4 къласы’ йедтæмæ мæм ахуырдзинад нæ уыд, æн дæра мæ, чизоны, стырдæр æфсæддон кусæг рацыдаид, афтæ уарзтон æфсады службæ, — æхсæнмæ-’хсæнты-иу йæ ныхасы’ фæкодта Бибылты Суликъо. ...Адæмы æнамондæн æмæ фыдбылызæн æрлæууыдис 1941 азы сæрд. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уый ирон хæстоны æрыййæфта 277-æм азербайджанаг хæххон æхсæг ди* визийы 276-æм полчы. Ираны арæныл арæзтой инженерон фи- дæрттæ — доттæ, дзоттæ. Уый фæстæ бацыдысты Иранмæ, знаг нæм Æввахс Хурыскæсæнæй æрбабырсынмæ куы хъавыд, Турк нæм йæ гæрзтæ куы рабаста, уæд. Дивизи æрлæууыдис ирайнаг горæт Пехлевийы. Уым фесты 1942 азы райдианмæ. Дивизийы Иранæй арвыстой Хъырыммæ. Немыцаг-фашис- тон тыхæйисджытæ цырд размæ бырстой. Уыдис сын рæстæг- мæ æнтыстытæ. Не ’фсæдты нын хъавыдысты Хъырымы æрдæг- сакъадахæй Сау æмæ Азовы денджызты ныппарынмæ. 1942:- азы январы райдианы горæт Керчæн рахизæрдыгæй 9 кшю- метры æддæдæр ихджын дёнджызы Хъырыммæ хизын рай- дыдта, Бибылты Суликъо кеем службæ кодта, уыцы 27.7-æм хæххон æхсæг дивизи. Бахызтысты, «Арбар1 фатæг» кæй хо- ньшц, уырдæм æмæ уым æрцахстой хъахъхъæдад. Бибылы фырт райста хистæр лейтенанты æфсæддон’ном æмæ йын ба- бæрны кодтой развæдагурыны зын æмæ ахсджиаг хæс. 146
27-æм февралы фронты ацы къабазы не ’фсæдтæ ацыды- сТы контрразмæбырсты. Карз, тугкалæн тохты фæстиуæгæн бацахстой Турумджа æмæ Шаитарайы хъæутæ. Æхсæв-бонмæ азнæрынцойæ змæлыдысты немыцæгтæ. Махонтæ бамбæрстой, стæй Бибылты Суликъойы развæдагурджыты зонæнтæ дæр, бæлвырд кодтой, немыцæгтæ сæ раззаг хаххы- раздæры уа- пæр фæстæмæ йæ бынаты сæвæрынмæ кæй хъавыдысты. Æмæ нæ командæкæнынад нæ фæрæдыд. Райсом раджы немыцаг фашисттæ тынг артиллерион æмæ минаметон æхсты фæстæ, размæбырсты рацыдысты. Уыцы æнæмсæр,. карз тохы Бибыл-, ты Суликъо æрхуыссыд , пулеметы цур æмæ йæ хæстонтимæ дыууæ хатты фæстæмæ аппæрста знаджы 500—600 салдат æм’æ афицеры размæбырст. Знаг тохы быдыры ныууагъта би- рæ мæрдтæ æмæ цæфтæ, стæй дзæвгар хæцæнгæрзтæ. Хъыры- мы зæххыл уыцы хæстон сгуыхтдзинады тыххæй Бмбылты Су- ликъо хорзæхджын æрцыдис «Сырх Стъалыйы» орденæй. Знаг бирæног тыхтæ ’рбакалдта Хъырыммæ— танкæтæ, артиллери, авиаци æмæ йын бантыстис Советон Æфсады хæс- тонты д^нджызмæ иылхъивын. Æфсæйнаджы схънсæй фæцæф ис Суликъойы бæрзæй. Бинт æм нæ фæцис. Фронты раззаг. хахх ’æмхæццæ уыд. Йæ туг нал æнцад. йæ цæф цъыфæй ай-- сæрста æмæ йæ хæстонтимæ æхсгæ-æхсгæ фæстæмæ ралæууыд.' 1942 азы 15-æм майы не ’фсæдтæ ныууагътой Хъырымы æр- дæгсакъадах. Нæ хæстонтæ денджызы Кубаны зæхмæ ленк кодтой — чи бæлæгътыл, чи фæйнæджытыл, чи хъæдтыл, чи цæуыл. Зиæнттæ дæр сыл, кæй зæгъын æй хъæуы, цъус не ’рцыдис куыд удæгас тыхæй, афтæ хæстон техникæйæ дæр. Уымæн æвдисæн сты, уыцы дуджы Хъырымы æнæмсæр, æнæ- мхуызон хъайтарон тохты эпопеяйы хайад чи райста, уыдон. Бибылты Суликъо уыцы азы июны онг хос кодта Бакуйы æфсæддон эвакогоспиталы. Уым цæфæй хуыссыдис æфсæддон дохтыр Дзадтиаты Иван дæр (Хъырымы тохты рæстæдж’ы дæр фембæлдысты медсанбаты). Бибылы фырты госпиталæй рафыстой æмæ июлы мæйы кусын райдыдта Тбилисы политсконды бацæттæкæныны кур- сыты (КУПС) офицерон ротæйы командирæй. Цæттæ сæ код- той æмæ сæ фронтмæ ’рвыстой. Йæхæдæг райста капитаны æф- сæддон ном. Уым иу афæдз фæкуыста æмæ йæ 1943 азы ар- выстой горæт Ленинаканмæ (Сомихстоцьг ССР). Уыдис 73-æм националон æхсæг полчы 2-æм батальоны командир. Бибылы фырт йæхи æппæрста хæстмæ. 1944 азы йæ арвы- стой 1-аг Украинаг фронтмæ. 1945 азмæ куыста фронты кадр- ты хайады, — хаста сусæг бардзырдтæ æмæ æндæр ахсджиаг хæстон документтæ армитæм, корпустæм, дивизитæм, стæй сы- хагæндæр фронттæм æмæ фæстæмæ. Уыдис ахæм хабар горæт Житомиры. Иу хæдзары сæхи бааууон кодтой бандерон лæг- мартæ Советон Æфсады салдæттæ æмæ афицерты дарæсьь 147,
Уырдæм бахаудта Суликъо дæр. Фысымты зæронд ус ын ра- дзырдта, зæгъгæ, дысон нæ хæстонтæ ардæм æрбафтыдысты æмæ уыдон фæрцы æвыдæй аирвæзтыстæм бандеронтæй. Адон сусæгæй цагътой советон хæстонгæ æмæ æмбæстæгты, уæлдай- Дгт-р та коммунистты. Иннæ хатт та горæт Киевы иу хæдзармæ бацыд Бибылы фырт йæ хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы. Схызтис æр- тыккаг уæладзыгмæ. Кæсы æмæ иу советон патрулы æфсæд- дон дарæсы цавæрдæр хæстон иу ус æмæ сывæллæттæм йæ автомат ныддардта. — 11ы ми кæныс? — дисгæнæгау æй афарста ирон лæппу. — Цы ми та цы хоныс? Немыцаг хæдтæхджытæ куы ’рба- та»\ьшц, уæд адон та ракетæтæй фехсынц, гитлеронтæн хæрз- гæнат сты! — æмæ сывæллæттæм йæ цæстытæ схъулæттаз кодга. Суликъойæн йæ зæрдæ фехсайдта. ’ йæ сусæг пакетæн фæтарст æмæ æддæмæ рацыд, ома никуы æмæ ницы. Иу ацæр- гæ сылгоймаг ын йæ хъусы афтæ бакодта: -- Уый патруль нæу, мæ хъæбул. Уыдон бандеронтæ сты, лæгмартæ, абырджытæ... Советон /Ефсады цырддзаст афицер асинтыл уырдыгмæ ратындзыдта. Сæмбæлдис ыл зæрдæхсайгæ лæг. Уый дæр фæ-' цæйхызтис æртыккаг уæладзыгæй. Цыдæр дзаумæттæ фæцæй- хаста. Уынджы Бибылы фырт пистолетæй дыууæ ’хсты фæ- кодта. Уæд ын йæхи уыцы абырæг бахста, фæлæ нæ фæцæф ис. Цæсты фæныкъуылдмæ паддзахадон æдасдзинады кусс джытæ йæ уæлхъус февзæрдысты. Хабар сын бамбарын кодта. Сæ иутæ дзы, чи алыгъд, уыцы бандероны фæстейæ асырдтой æмæ йæ ’рцахсюй. йа» дзаумæттæ йын байстой, йæ иаган кæм- дæр хæдзары хæлды баппæрста фæдсафынæн. Нæ чекисттæ æртыккаг уæладзыгмæ суадысты æмæ сывæллæтты æд мад мæлæтæй фервæзын кодтой. Скъаппы фæстейæ æмбæхст лæг- мары раластой æмæ йын аккаг’ фесты — йæ фæрсчытæ йын ба- иымадтон. Бибылты Суликъо хæцыдис гвардион æфсæддон хæйтты дæр. Хæст куы фæцис, уæд тохвæлтæрд ирон лæппу æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæм. Иу афæдз акуыста Хуссар Ирыстоны областон æфсæддон комиссариаты æфсæддон фæсивæды цæт- тæ кæныны хистæрæй. Лæваё|рд ын æрцыд майоры ном. Уыи фæстæ æрвыст æрцыдис Тбилисы Кировы районы æфсæддон къамисариатмæ æмæ дзы куыста инструкторæй. — Суликъо, ды дзурыс, уым" райстай «Сйрх Тырысайы»;''ор- ден æмæ Ленины орден. Совётои Æфсады рæИхъыты дын ’ауал агзы иу- уайдзæф дæр кæй нæ.^радтой, уый ’ггыххæй. ^ Гвардийы майор æфсæддон службæ’ афтæ бирæ уЬрзы æмæ уынджы йæ бирæ хæлæр’тта^й искæуыл’ куы амбæлы^' уæд сьш æфсæддон салам радты, æдзынæг алæугæйæ, йæ рахиз 148
.хЫ армытъæпæн йæ халасгъуыз къæмисæныл авæргæйæ» .Æлв^ест, рæхснæг, тæлтæг, сывæллонау, диссаджы хæларзæр* даз. хъæлдзæг æмæ онгрог у Бибылы фырт абон, 61-æм азы ^уы ’бацыдис, уæд дæр. Стæй йе ’фсæддон дарæс, йæ фæнык- г\\уыз цъæх цинелæй дæр никуы хицæн кæны. Дары сæ ныр- та?ккæ дæр. Уымæн æмæ йæхи абон дæр хаты Советои Æфса- ды хæстонæй, сабырады дуджы намысджын салдатæй. Йæ иуняег фыртæн дæр радта, кæд афтæ зæгъæн ис, уæд æфсæд- дон хъомылад — каст фæцис авиацион институт æмæ ныртæк- кæ кусы æфсæддон-авиацион сæудæджерады ипженер-эконо- мистæй. — Æнæниз æмæ сæрæгасæй фæдар, æмбал гвардийы майор, дæ риуæй цы дæс хæстон хорзæхы цæхæртæ калынц, уыдон!.. *
Тъехты Амыран ЗЫНГЗÆРДÆ ЛÆППУ ыдæлтæй баззад ирон адæмæн æмбисонд: фæдн- сы хъæр фæцыд, уæд фæстейæ ма баззай. Æхсар æмæ лæг- дзннад ирон лæгæн йæ туджы сты. Æхсар æмæ лæгдзинадæй фæстийæ нæ баззад Битеты Гаврилы фырт Григол дæр. Сæр куы бахъуыд, нæ адæмы сæрибар цард тасы куы бахауд, уæд Битейы фырт дæр хъæбатырæй æрлæууыдис фашистон лæг- марты ныхмæ. Грнгол райгуырдис 1916 азы Хуссар Ирыстоны Битеты хъæуы. 1937 азы каст фæцис Цъоны авдазон скъола. Уый фæс- тæ ахуыр кодта Цхинвалы зоотехникумы. 1940 азы Григолы акодтой Сырх Æфсадмæ. Службæ код- та Львовы областы Верхный.Верхаты П-æмсаперон батальоны. Фыдыбæстæйон Стыр -хæст куы райдыдта, уæд батальон æрвыст æрцыд Харьковы ’рдæм. Сцырын Харьковы сæрыл карз тохтæ. Знаг бырсы размæ. Дыууæрдыгæй ихуарæгау ка- лынц нæмыг. Ацы карз тохты Григолæн иæ цуры бом^æ æр- хауд æмæ фæкантузи. Цасдæр рæстæджы хуыссыд Чугуевы госпиталы. Куы сдзæбæх, уæд æй арвыстой Красноярскы фæ- 150
сауазрцон полкмæ, стæй та Ачинскы . æфсæддон ахуыргæнæк- лонмæ æмæ йæ каст фæцис 4 мæйы фæстæ. Лæвæрд ын æрцыд хистæр сержанты ном. 1942 азы ноябры Григол æрвыст æрцыд 2-аг Белоруссы .фронты 1-аг Донаг корпусмæ, ссис танкæйон взводы команди- ры хæдивæг. 1943 азы июлы та Григолы арвыстой Киевы æф- сæддон артиллерион ахуыргæнæндонмæ æмæ йæ каст фæцис æнтысгæйæ, радтой йын кæстæр лейтенанты ном æмæ та ацыд Дыккаг Белоруссы фронтмæ 1-аг Донаг гвардион корпусмæ танкæйон ’взводы командирæй. «Нæ, ны’р мæ ахуырмæ нал .равдæлдзæн, фæлæ хæцгæ, мæнæуи», — йæхимидæг дзырдта Григол. — Размæ ут, горæт Млава ссæрибар кæнынмæ! — æрбай: хъуыст командиры хъæлæс. Фыццаг Донаг гвардион корпусы хæстонтæ бырсынц размæ. Цалдæр атакæйы фæстæ корпусы хæстонтæ ссæрибар кодтой Млава, Джалдава, Залдау, Планс. Уыдон ссæрибар кæныны сæрыл тохты ирон хъæбатыр хæстон сгуыхтдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йæ схорзæх- джын кодтой Сырх Стъалыйы орденæй. Иуахæмы батальоны командир, гвардийы майор Цирюбин . ■фæсидт Битейы фыртмæ æмæ йын афтæ зæгъы: — Дæуæй мæ стыр ныфс ис, ирон хъæбатыр, æмæ дын хæс кæнын, ’цæмæй дæ хæстонтимæ цæугæдон Наревы сæрты ахизай æмæ немыцæгты фидар ныппырх кæнат. " Григол йæ мидбылты бахудтис, рапорт ын радта: — Нс, *æмбал майор. Григолы хæстонтæ, немыцæгты тыхтæ кæм æмæ куыд æвæрд сты, уый куы бабæрæг кодтой, уæд сæ немыцæгтæ ба- зыдтой æмæ сæ æхсыи райдыдтой. « Нæ, афтæмæй аздæхгæйæ нын нал у», — йæхинымæры сдзырдта Григол æмæ йæ хæстонтыл скомандæ кодта: — Æх^сгæ! Сцырын та хæст. Иемыцæгтæ сæ сæ фидæрттæй æхстой, стыр ныфс сæ уыдис, зæгъгæ, нын советон хæстонтæ ницы ра- кæндзыстц, фæлæ Григолы хæстонтæн сæ ныфс нæ асаст, бырстой к’омкоммæ дæр знаджы фидæрттæм æмæ дзы дыууæ спырх кодтой. Уæдмæ сæм æххуысмæ бахæццæ сты корпусы хæстонтæ дæр æмæ фашисттæ фæстæмæ æппæрст æрцыдысты. Бырсынц не ’фсад размæ. Тох цыдис Штетины горæт си- сыныл. Ацы карз тохты Битейы фырты танкисттæ равдыстой хъæбатырдзинад. Немыцæгтæй уацары ракодтой 30. Битейы фырт та хорзæхджын æрцыд дыккаг хатт Сырх Стъалыйы ор- Денæй. - ’ 1945 азы зымæДжы Битейы фырты сæ корпусимæ арвы- ^той Данцигы ’рдæм, цæмæй немыцæгтæ сырд æрцыдаиккой Балты денджызы донбылтæй, ныппырх сын кодтаиккой сæ фи- Дæрттæ. • 151
Фыццаг Донаг корпус æрлæууыд ног позициты Балты ден- джызы донбылтæм хæстæг. * Батальоны командир Цирюбин та Григолмæ æрбасидт æмæ йын афтæ зæгъы: , —Æмбал Битейы фырт, сæр та дæ бахъуыд, немыцæгтæн ам, Балты денджызы былыл цы фидæрттæ ис, уыдои спырх к’æнын хъæуы. Григол ахъуыды кодта, стæй бакаст йæ командирмæ. — Хорз, æмбал командир, цы мæ бон уа, уымæй та сар- хайдзынæн. \ Сцырын та знаджимæ тугкалæн тох. Бнтейы сЬырты хæс- тонтæ цæуынц размæ,* фæлæ ’ немыцаг фидæртты\иæмыг нæ хизы. ; Уæд Григол скомадæ кодта: — Комкоммæ контратакæйы. Куыдфæстагмæ’ ,Битейы фырты взводы хæстонтæ, кæд сыл зиæнттæ цыдис, уæддæр немыцæгты балхъывтой æмæ сын сæ- хъазуат бырст нал баурæдтой. Махуæттæ фидæрттæм’ баир- вæзтысты. Немыцæгтæ лидзын’ райдыдтой. Махуæттæм æх- хуысмæ бахæццæ. сты дивизийы хæстонтæ æмæ фндæрттæ б-а- цахстой. , , / Балты денджызы донбылгæрæттыч немыцаг фидæртты си- сыпы æмæ уыдон ныппырх кæныны тохты Битейы фырт ак- тивон хайад кæй райста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Фы- дыбæстæйон Хæсты дыккаг къæпхæны орденæй. Уыим^е фроп- ты командæгæнбег К. К. Рокоссовскийæ’ райста бузныгдзинад. 1945 азы марты Битейы фырт йæ хæстонтимæ б!ахæццæ знаджы зæхмæ,чгорæт Тухелмæ. Уырдыгæй тохгæнгæ цыдысты суанг Берлинмæ. 1945 азы августы Григол æрыздæхт, йæ сабийы бонтæ кæм арвыста, фосы фæдыл бирæ кæм фæразгъор-базгъор кодта, фыццаг хатт чиныг йæ къухмæ кæм райста, уыцы уæзæгмæ — Битеты хъæумæ. Хæсты фæстæ ’хсарджын æмæ хъæбатыр ирон зынгзæрдæ лæппу куыста сæ хъæуы колхозы бригадирæй, фер’мæгæсæй- Иыртæккæ дæр намысджынæй кусы Цъоны совхозы фосы фер- мæйы. *
Тъехты Амыран ГВАРДИЙЫ КАПИТАН дæимаджы хуыздæр миниуæг у иæ адæмы, иа; райгуырæн бæстæйыл æнувыд уæвын, уыдонæн лæггад кæ- нынæй стырдæр кад æм ницы кæсы. Куы бахъæуа, уæд сæ рухс амонды, сæ сæрибары сæраппонд æнæгуырысхонæ æрхæсс дæ цард дæр. Битеты Сардойы фырт Уасил райгуырд Гуфтайы хъæуы. Гуфтайы схъомыл. Ам арвыста йæ сабийы бонтæ, ам райста- фыццаг йæ къухмæ чиныг. йæ тохы даргъ æмæ зын фæндæг- тæ Гуфтайы гæмæх къуылдымтæй райдыдтон. Æрыгон, æнæ- знвæг лæппу уарзта уалдзыгон мæргъты хъæлдзæг зарджытæ, бæрзыты æмæ нæзыты сыбар-сыбур.-, Пацъайы нæугæдоны сыр-сыр. Арæх-иу йе ’мбæлттимæ ,йа>хи надта Леуахины арф гуылфæнты. '-у Уаспл уарзт^^ æмбæлтты. Æиæуынон ын уыдысты хин æмæ кæлæндзинад. Бнрæ уарзта< хъæбысæй хæцын, ленх кæньш. "’ !'• 1 Лæппу куыд рæзти, афтæ йæ уæнгтæ æхсыстысты, йæ зонд кодта рухсдæр, йæ хъуыдытæ — ирддæр. Стыр Октябры ре- 353;
волюци куы фæуæлахиз, уæд Уасил дæр айвæзта йæ къабæз- тæ. Рæсугъд бæллицтæ йæ сæ базыртыл систой æмæ йæ скъæфтой уæрæх тыгъдадмæ, ахуыры æрттиваг бæрзæндтæм. Гъе æмæ астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд дзæвгар аз- ты куыста ахуыргæнæгæй. Уасил йæ ахуыр адарддæр кæны- ны тыххæй ацыдис Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ -æмзе йæ хорз æнтыстытимæ каст фæцис 1940 азы. Институт фæуыны фæстæ æрыздæхт сæхимæ æмæ кусын райдыдта Цхинвалы районы Рустауы хъæуы астæуккаг скъолайы дирек- тора?й. 1941-æм азы нсмыцаг тыххæйисджытæ нæ Райгуырæн бæс- тæм куы ’рбабырстой, уæд æппæт Советон адæмы хъуыды уыдис иу. — Иууылдæр фронтмæ æмæ хæстонтæн æххуыс кæ- нынмæ. Уасил дæр цалдæр хатты æрцыд æфсæддон къамиса- риатмæ, цæмæй йæ бархийæ акодтаиккой. — Мæнмæ худинаг кæсы. нæ адæмы хуыздæртæ фронты сты, æз та ам уон, мæ- нæн мæ камыс уый бар нæ дæдты, уымæн мæ нæ фæцахуыр кодта нæ хмцауад, цæмæй йыи бахъуыды сахат ма баххуыс кæнон, — дзырдта-пу Уасил. — Ды раст зæгъыс, Битейы фырт, фæлæ нын ам дæр фаг кадртæ нæй æмæ пæ уæ сæр ам дæр хъæуы. Куы тыхсæм, уæд дæ нæхæдæг агурдзыстæм, — загъта-иу ын æфсæддон къамисар. ч 1942 азы немыцæгтæ сæ размæбырст куы фæтынгдкр кодтой, уæд февралы Уасилмæ дæр æрсидтысты Сырх Æф- садмæ æмæ æрвыст æрцыди æфсæддон ахуыргæнæндонмæ. Æр- тæ мæпы фæстæ йын лæвæд æрцыд кæстæр политручы ном æмæ йæ арвыстой Калинины фронтмæ 17-æм гвардийы дйвизийы 48- æм гвардийы полчы транспортон ротæйы политрукæй. Ардыгæй райдыдта Уасилы хæстон фæндаг. Ротæ полкæн ласта хæцæн- гæрзтæ, хæлцад æмæ дарæс. 1942 азы декабры хъызтбонты Калинины фронты Уасил цы дивнзийы уыд, уый карз тох райдыдта немыцæгтимæ, цæ- мæй ссæрибар кодтаиккой Смоленскы область. Ацы карз тох- ты цæмæй полкæн уыдаид æнтыстытæ, уый тыххæй хæстон- тæм ласын хъуыдис нæмгуытæ, хæринаг æмæ дарæс. Нæмгуы- тæ ихуарæгау кодтой. Битейы фырт уыцы рæстæджы бæхуæр- дæттыл æмæ автомашинæтыл раззаг хахмæ ласта нæмгуытæ, дарæс æмæ хæлц. Ротæйы командир Тугов цыдис сæ разæй бæхдзоныгъыл фронты раззаг хахмæ. Иу ран Тугов йæ бæх- фæурæдта æмæ Уасилæн афтæзæгъы: — Мæнæ мæ цуры сбад æмæ иумæ ацæуæм. — Нæ, æмбал командир, æз, мæнæ кæй ласæм, уыдонимæ хьуамæ цæуон, кæд тагъддæр бахæццæуаиккам. / — Хорз, — загыа Тугов æмæ йæ бæх фæцагайдта. Г Æвиппайды немыцаг хæдтæхджытæ ’сæ сæрмæ фæзынды- сты æмæ сыл бомбæтæ калын райдыдтой. Командир Тугов 154
мард фæцис бомбæйы схъистæй. Чысыл фæстæдæр иу бомбæ сæмбæлд Уасилмæ хæстæг. Бæхтæй иу фæмард, Уасилы та сыджыты бын аныгæдта. Салдæттæ фæтыхстысты, сæ полит- ручы куынæуал ауыдтой, уæд бомбæ кæм æрхауд, уырдæм базгьордтой. Уасилæн мазындис йæ сæр. Æфсæддонтæ уай- тагъд сыджыт акалдтой æмæ йæ уырдыгæй сластой. Уасил йæхи куы æрæмбæрста, уæд йæхимæ æркаст æмæ сдзырдта: — Цымæ никуы фæцæф дæн? — Нæ, ннцы дыл зыны, æмбал командир, — сдзырдта. салдæттæй иу. — Уæдæ цырддæр скъæргæ бæхтæ. Нæмгуытæ æмæ хæлц рæстæгыл бахæццæ кæнæм фронты раззаг хахмæ. Ьахæццæ сты, 48-æм гвардион полк кæм тох кодта, уыр- дæм. Полчы командирæн уыдис иттæг æхсызгон, нæмгуытæ байуæрстой хæстонтæн æмæ та сцырын хæст. Уыцы тохты ацы полк ссæрибар кодта 5 хъæуы æмæ немыцæгты фидар- гонд пункт. Ацы тохты Битейы фырт йæхи хъæбатырæй кæй равдыс- та, полкæн рæстæгыл хæстон æрмæг æмæ хæлц кæй баласта, уый тыххæй йын командир загъта бузныгдзинад. 1943 азы 15 июны Битейы фырт æрвыстæрцыд бастдзинады хаххыл ахуырмæ æмæ дзы фæцахуыр кодта 1944 азы маймæ, лæвæрд ын æрцыд хистæр лейтенанты ном- Уый фæстæ Уасил æрвыст æрцыд Цæгат фронтмæ 65-æм æхсæг дивизимæ сæрма- гонд бастдзинады ротæйы взводы командирæй. Ацы взвод æх- хæст кодта дивизийæ полкмæ бастдзинады куыстытæ. Хæст та сцырын советон Заполярийы немыцаг фашисттæй ссæрибар кæныныл. Бастдзинады взводы комаццир хистæр лейтенант Битеты Уасилæн та хæсгонд æрцыди йе взводимæ, цæмæй бастдзинад саразой полчы командиртимæ. Дивизийы командиры ацы бардзырд дæр та сæххæст кодта намысджы- нæй. Дивизнйы командир Калиновский Уасилмæ фæсидтис æмæ йын афтæ зæгъы: — Бузныг, стыр бузныг, ирон бæгъатыр, канд ды нæ, фæ- лæ ирон хæстонтæй алчи дæр йæхи фронты ’вдисы хъæбатыр хæстонæй, сæ ном дæр айхъуыстп æнæхъæн фронтыл. 1945 азы январы Битейы фырт цы дивизийы уыд, уый æрвыст æрцыд Дыккаг белоруссаг фронтмæ. Дивизийы хæстон- тæ немыцаг тыхæйисджытимæ карз тохты ссæрибар кодтой горæттæ:, Шлохау, Поллнов, Кезлик, Штольн, Лауенбург æмæ æндæртæ. 1945 азы 5 аирелы Битейы фыртæн лæвæрд æрцыд бар- дзырд, цæмæй бастдзинады хахх хаст æрцыдаид æндæр ран- мæ. .Уасил иу æмбалимæ ацыд, телефоны хахх кæм уыд, уыр- дæм. Кæд нæмгуытæ ихуарæгау кодтой, уæддæр Уасил æмæ йе ’мбал нæ фæтарстысты, телефоны хæххытæ хæсгæйæ, Уа- 155
сллы æмбал— ссржант Быстрих мард фæцис сармадзаны нæ~ мыгæй. Уасил иунæгæй бахæццæ контролон пунктмæ. Уым уыдис 2 салдаты æмæ уыдонимæ нейтралон зонæмæ ахастон телефоны кабел æмæ дивизиимæ бастдзинад нæ фехæлд. Ахæм хъæбатырдзинад, кæй равдыста Битеты .Уасил, уый тыхх;фй хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон Хæсты II къæпхæ- ны;орденæй. Хорз организацигæн&г кæй уыдис, бастдзинады хъуыдда- джы йæхи хъæбатырæй кæй равдыста Советон Запольярыйы. сæрыл тохты гвардмйы капитан Битейы фырт, уый тыххæй но- джыдæр хорзæхджын "æрцыд Сырх Стъалыйьь орденæй. Битеты Уасилæн ма ис йæ хорз хæстон хъуыддæгты тыххæй цалдæр медалы. ,1946 азы майы Битеты Уасил æрыздæхти йæ рангуырæн хъæу Гуфтадоæ .æмæ га намысджынæй кусын райдыдта Дзауы астæуккаг скъолайы директорæй. Фæкуыста дзы 1951 азмæ. 1951 азæй 1967 азмæ куыста Цхинвалы 3-аг астæуккаг скъола- йы ахуыры хайы сæргълæууæгæй. Ныртæккæ та кусы Цхинвалы 9-æм скъолайы ахуыры ха,- йы сæргълæууæгæй. Хæсты фæстæ ма Битейы фырт йæ намысджын куяасты тыххæй хорзæхджын æрцыд майдан æмæ Кады дыууæ гра-. мотæйæ. ^
Хъуылаты Чермен ÆВДОН БАЗЫРТÆ 1ывæлтæр базырджын, дыууæбадæнджын хæдтæ- тæхæг, тæхджытæ сæхæдæг хъазгæйæ «кукурузник» кæй хонынц, уымæн йæ матор скуыста, йæ бынатæй фенкъуыстис, цъæх нæу- уыл иудзæвгар йæ цæлхытыл атылд æмæ зæххæй фæхицæн. *Лæхи дзæвгар уæлæмæ куы систа, уæд, тæхджыты фæткмæ ]а»сгæ, аэродромы алыварс иу зылд æркодта æмæ араст йæ <'хæстон» хæс æххæст кæнынмæ... Кабннæйы’ бады милрихи лæппу æмæ к\т зæрдæ цинæй байдзаг. йæ фæс?æ дыккаг бадæны та инструктор кæй æрбынат кодта æмæ йын йæ алы фезмæлдмæ дæр лæмбынæг кæй хъахъ- хъæны, уый дзы уæвгæ дæр æрбайрох. Ехх, æвæдза, ныртæккæ никæи схонид йэЦидæй амондджындæр уыцы ныллæггомау аэмæ"та^нтъйхæг æ|)Ь1Г0н лæппу, сæйхæст йæ рагбонты бæллиц, фыццаг -хатт’’ыл баууæндыдысты хæдтæхæг аскъæрынмæ!.. • Арæхстджын къухты амындæй хæдтæхæг æдæрсгæ фæцæ- уы йæ бынатмæ. Бынæй аззадис, мæнæ хъæдты зонæ кæй хо- 157
ьынц, уый. Георги (афтæ хуындис скъæр&джы пом) хæдтæ- хæг сарæзта гæмæх хæхты астæуты, чысыл уæлдæр ма — æмæ* цъититы уазал, уæнгроггæнæг уддзæф сæмбæлдзæн. Æмæ ныр бынтопцæр йæхимæ фæкастис хæххон цæргæсы хуызæн. О, тæхæг суæвыны бæллиц хæххон цæргæстæ сæвзæрын кодтой Ботъоты Иваны фырт Георгимæ. Чысылæй-иу йæ уд — йæ дзæцц бæгъæввадæй йæ райгуырæн Дыгургомы хæхтæм хилын уыдис. Æмæ-иу хæххон цæргæстæ арвы цъæх денджызы сæ фидар базыртæ куы айтыгътой, уæд-иу сæм кæсынæй нал æфсæст, хæлæгæй сæм мард:.. Æмæ фæстæдæр Райгуырæн бæс- тæ тæхджыты скъолатæм фæсивæдæй бархионтæ куы ’мбырд. кодта, уæд Садоны скъолайы куырдиæттæ ныффыстой дыуу’æ мызыхъарæзт фæскомцæдисоны, æртыккаг уыдис Георги. — Ды та зæххæй уæлæмæ куы нæ зыныс, уæд немæ дæхн цьг рарæвдз кодтай? — былысчъилтæ йыл кодтой иннæ дыууæ (сæ нæмттæ сын барæй нæ фыссæм). Георгийы фæндыдис уыцы «æлхысчъытæ» аныхъуырын,. фæлæ йæ бон нæ баци: — Уæ асæй ма ныббуц ут, мæ хæлæрттæ... Стыр бæлас дæр у, фæлæ йæ гыццыл фæрæт афæлдахы... «Р,хх, ныр сæ аэродромы куы ныййафин, — фæстæмæ здæх- гæйæ хъуыдытæ кодта Георги, — уæд сын бæргæ зæгъин: «Гъы, куыд у, уæ «фындзтæ уын» амарзтон?.. Афтæ у, уæдæ,. афтæ, стыр ныхас хъæдбыны дæр нæ фидауы»... Цæвиттон, иннæ дыууæйæ скъоламæ ничи бахаудта. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæй никæй баййæфта/ Уый хыгъд йæ размæ бауадис аэроклубы хицау, йæ къух ын фидар балхъывта, йе уæхск ын æрхоста æмæ загъта: — Арфæ дын кæнын, мæ хæлар! Иттæг хорз сæххæст код- тай дæ хæс. Уымæн, — ацамыдта йын хæдтæхæгмæ, — йæ ба- зыртæ кæттаг сты, фæлæ æндон базыртыл тæхынмæ дæр кæи сарæхсдзынæ, æцæг хæххон цæргæс кæй суыдзынæ, ууыл ды- зæрдыг нæ кæнын. Æрмæст дын мæ фæдзæхст: ахуыр æмæ ахуыр! Æмæ сæххæст кодта Георги йæ уарзон хистæр æмæ ахуыр- гæнæджы фæдзæхст. Аэроклубы фæстæ ма уый æнтыстджынæь каст фæцис Ворошиловграды хæстон-авиацион скъола. Ссис тæ- хæг штурман. Советон Æфсады афицер. 1943 азы йæ арвыстоГг фронтмæ. Снысан æй кодтой Киевмæ хæстæг иу æфсæддон-ави- ацион хаймæ. Ардыгæй райдыдта йæ хæстон сгуыхтдзинæдты фæндаг, хъæбатырæй архайдта Украинæйы сæйраг горæт гитле- ронтæй ссæрибар кæныныл хæстыты. Сгуыхтдзинæдты фæндаг! Æвæдза, бир^в сты Георгийæн уыцы сгуыхтдзинæдтæ. Бирæ хæттыты бахаудис цардæй мэелæ- ты ’хсæи ауæдзмæ. Се ’ппæты •' тыххæй чиг фæдзурдзæн. Фæлæ’ дзы уæддæр иу цалдæры кой æнæ скæнгæ нæй. 158
Иу ахæмы мах штурмовикты эскадрили уæлдæфмæ йæхи- снста хæдтæхджытæй алчи дæр рæнхъы йæ бынат бацахста. афтæмæй атахт йæ хæстон хæс æххæст кæнынмæ. Хæс та тынг бæрнон уыдис. Махонтæ æнæмæнг хъуамæ знаджы аппæрста- иккой горæты хуссарварсæй. Æмæ уал ын, нæ фистæг æфсады бабырсыны агъоммæ, хъуамæ йæ фидæрттæ дзæбæх «æрзы- гуым» кодтаиккой нæ бомбæппарæг æмæ штурмгæнæг авиаии^ нæ артиллери. Эскадрилийы штурмовиктæ хæс æххæст кæнын- мæ тахтысты æнæ истребителтæ. Гитлеронтæ дын уый бафип- пайдтой, цы!.. Нæ штурмовикты скуынæг кæнынмæ рарвыстой «ФВ-190», зæгъгæ, сæ уыцы истребителтæй æнæхъæн рæгъау Георгийы «ИЛ-2» зскадрилийы уыдис рахизырдыгæй æппæты кæронæй. Знаджы истребителтæ дæр эскадрилимæ бахъуызы- дысты фæстейæ æмæ Ботъойы фырты хæдтæхæгыл æнæвгъа- уæй нызгъæлстой сармадзанты æмæ пулеметты нæмгуытæ. Геор- гийæн йæ хъару æмæ йæ арæхстдзинæдтæ цас амыдтой, уымæй архайдта йæхи фæтылиф кæныныл, знæгты фæливыныл, æхста сæ йæхæдæг дæр. Фæлæ ахæм тæссаг уавæрæй æнцон фервæзæн иæ уыдис. Йæ хæдтæхæг нæмгуытæй сыхырнайы хуызæн сснс. йæ базыртæ фегæмттæ сты; коммæ нал кастис. Фæлæ уæддæр хæсты «быдыр» нæ ныууагъта, цалынмæ нæ эскадрили йæ хæс кадимæ сæххæст кодта, уæдмæ. Тыхамæлттæй ма æрбахæццæ. йæ хæдтæхæг нæхи аэродроммæ æмæ йæ.уым æрбадын кодта йæ «гуыбыныл» — йæ цæлхытæ дæр иал райхæлдысты. — Æвæдза, аргьæутты фыссинаг сты нæ адæмы хъæбатыр- дзинæдтæ, ахæмтæн басæттæн нæй, — æрымысы ныр дæр Геор- ги. — Аэродромы куы æрхызтыстæм æмæ мæ механичы, мæ уæлдæфон æхсæг Михаил Тихоновы хауд цæстыл хæцгæ куы федтон, уæд мæхи цæстытыл дæр нал æууæндыдтæн. Рахауд цæст, йæ уидæгтыл ма дзедзырой . кодта, уæддæр Михаил йа» æхсын нæ ныууагъта, тугуарæн кодта знаджы истребителтæ æмæ фидæрттыл... Сæ уыцы .сгуыхтдзинæдты тыххæй Георги æмæ Михаилæн Райгуырæн бæстæ саккаг кодта Сырх Стъалыйы ордентæ. Венгрийы сæйраг горæт Будапешт фашисттæй ссæрибар- кæныныл хæстыты Георги, командæкæнынады бардзырд æх- хæст кæнгæйæ, уæлдæфмæ стахтис ссæдз хатты æмæ-иу кæддæ- риддæр æрыздæхтис уæлахизæй. Фæстæдæр Дебреценмæ хæстæг знаджы æрхъулайы бахауд- той инæлар Плиты Иссæйы бæхджын-механизацигонд æфсæдтж. Зындгонд куыд у„ афтæмæй уыцы номдзыд бæхджын-механиза- цигонд къорд та . гитлеронтыл кæддæриддæр тугуарæн кодта сæхи фæсчъылдымæй. Нæ сурзæххон æфсæдтæц уыдонæн бах- хуыс кæнын сæ фадат нæ амыдта. ’ > | Уымæ гæсгæ фронты командæкæнынад уыцы хæс бабар ко^та нæ авиацийæн. Георги цы 451-æм авиацион полчы службæ кодта, уый дæр бахаудис «ирвæзынгæнджыты» номхыгъдмæ. №
Иæ хæстон хæс: эскадрилигай стыр бæрзæндты фронты сæрты ахизын, гитлеронты æрхъула æппæты тыхджындæр кæм у, уы- дон сбæрæг кæнын, сармадзантæ æмæ сæ пулеметтæй æхсын, бомбæтæ ,сыл æгшарын... Цыбыр дзырдæй, хæдтæхджытæ хъуа- мæ фæстæмæ ма раздæхтаиккой, хæцæн;æрмæг сæм куы нал уыдаид, уæддæр. Цалынмæ- артагыл сæ зæрдæ дардтаиккой, уæдмæ хъуамæ фашистон фидæрттæм арæзтаиккой тæрсæн ныббырстытæ, гитлеронты уæлæмæ скæсын нæ бауагътаиккой, цалынмæ Плийы фырты æфсæдтæ æрхъула ратыдтаиккой, уæдмæ. Георгийы эскадрилийы. хæдтæхджытæ уæлдæфы рæнхъ гхал сты æмæ та-иу иу иннæйы фæстæ сæхи дæлæмæ рауагъ- той, фашистты æппæт хуызы хæцæнгæрзтæй æхсгæйæ æмæ сыл <юмбæтæ калгæйæ. Ныххуыссын сæ кодтой зæххыл æмæ са^ хæрдмæ скæсын нæ уагътой. Сæхи сыл бынмæ скъæрдтой æмæ сæ моторты домбай уынæрæй удаист кодтой, сæ нæмгуытæ æмæ бомбæтæ куы фесты, уæддæр. Уæдмæ Иссæйы бæхджынтæ ра- нæй-рæтты æрхъула ратыдтой. Фæлæ иу-ахæмы фашисттæй чи- дæртæ, æвæццæгæн, се ’муд æрцыдысты, алæ-ма, ацы хæДтæх- джытæ æхсгæ куы нал кæнынц, уæд цы хабар уа, зæгъгæ. Хъуыддаг куы базыдтой, уæд сыл ныккалдтой зенитон сарма- дзантæй. Иу нæмыг дзы сæмбæлд Георгииы хæдтæхæгыл æмæ йæ тынг бахъыгдардта. Фæлæ ма Ботъойы фырт сахаты ’рдæг афтæмæй дæр «бырста» æмæ «бырста» знаджы удæгас тыхтæм. Стæй йæ хæдтæхæг æрбахæццæ кодта^нæхи аэродроммæ. Ирон тæхæджы риуæй тæмæнтæ скалдта ,Фыдыбæстæйы Хæсты фыццаг къæпхæны орден. 1944 азы мартъийы фæстаг бонты 451 -æм авиациоп полк; фронтмæ фæхæстæгдæр уæвыны охыл, йæ аэродром аивта Тоал- машæй Вадкетимæ (Венгри). Раздæры аэродромы ма баззадыс- ты зæронд, тыхджын цæфтæ чи фæцис æмæ дæргъвæтин рæстæг цалцæг кæнын кæй бахъуыдис, ахæм æртæ «ИЛ»-ы. Уыдонимæ Георгийы уарзон хæдтæхæг дæр. Уарзон та йын уымæн ссис, æмæ йыл сахуыр, мæнæ цæхæрцæст барæг йæ хорз бæхыл куыд сахуыр уа, афтæ. Дæс’æмæ йыл дыууиссæдз хаттæй фылдæо атахтнс Георги знаджы дæрæн кæнынмæ æмæ фæстæмæ æга- дæй никуы æрбаздæхт. Фæстапхатт ма йæ, сыхырнайы хуызæ- нæй, куыддæрты æрбахæццæ кодта аэродроммæ æмæ ныр æртæ мæйы зæххæй нал фæхицæн.чÆмæ пæ ныр уым куыд ныууадза, йæ зæрдæ йыл фæрисдзæн.^’Л Уыцы æнкъард хъуыдытæ’ куы кодта,(<афтæ æртæ тæхæгмж дæр фæсидтис полчы команир:^ V • ^ . —Механиктæ мын куыд^фехъусын крдтой, афтæмæй уьты æртæ хæдтæхæджы рæвдз сты;> Фæлæ сæ )но:0 аэродромыл хæм- б^лын кæнут, иуæн дæр дзьг^ым ныууадзæн нæй. Ацæут^сбæ- рæг кæнут уæхæдæг æмæ абон- æвæстиатæй æрбатæхут, —’ бар- дзырд радта уый. 160
Дыууæ сахаты æмæ æрдæджы фæстæ Георги йæ зæронд хæдтæхæгыл уыдис уæлдæфы æмæ йæ фæндаг сарæзта ног з’эродроммæ. Уæдмæ æризæр. Хуры бур-бурид цалх быдыры кыгуылæйнаг «кæроныл» йæхи асæрфта. Разæй, рахизæрдыгæй Георпшæ æрбазынд, йæ бæрзæнд афтæ иу 700—800 метры кæ- мæн уыданд, ахæм къуылдым. Йæ рæбын — горæт Вац. Гали- уырыдгæй та хуры фæстаг тынтæм æрттывтытæ калдта Дунайы доп. «Ехх, æвæдза, ацы æнæхаиры хæст куы нæ уыдаид, у<вд цард куыд рæсугъд у», зæгъгæ, куыд ахъуыды кодта Ботъойы •фырт, афтæ æнæнхъæлæджы йæ хæдтæхæджы моторæй цыдæр æнахуыр гыбар-гыбур райхъуыст. Георги алырдæм аракæс- бакæс кодта, æмæ диссаг: йæ дыууæ æмбалы уалæ уæлейау чЗаззадысты; йæхи хæдтæхæг та иу фарсырдæм ныззылын æмæ ныллæгæй-ныллæгдæр кæны. Георги архайы къæхтæй дæр, къухтæй дæр, фæлæ хæдтæхæг нал хъусы, бынмæ фæцæуы. Æн- дæр гæнæн нал уыдис. бахъуыд парашюты сæр. Секунд дæр нæма рацыд, афтæ зæххæй райхъуыстис тыхджын срæмыгъд... Бабын хæдтæхæг... «Хæрзбон, мæ зæронд æмбал!..» Фæлæ мз Георгпйæн йæхи цард дæр банцадис æрдуйыл... Афтæ вæййы, механик йæ куыстмæ куыдфæндыйы цæстæй ■куы кæса æмæ æрдæгцалцæггонд хæдтæхджыты æххæст цалцæг- гопдыл куы нымайа, уæд. Хæдтæхæг автомашинæ нæу, уæлдæ- фы йæ не ’руромдзынæ æмæ йæ уым не сцалцæг кæндзынæ. Æмæ аххосджынæн уыцы æнæмæтдзинад слæууыдис тынг зьг наргъ — рагæпп кæнын йæ къухы нæ бафтыдис æмæ бабын хæдтæхæджимæ иумæ... Уыцы хабары фæстæ полчы нæ, фæлаз æгас дивизийы дæр Георгийæ æппæлыны кой йедтæмæ ницыуал уыдис. Цæвиттои, ’уæды онг афтæ нымадтой, зæгъгæ, дам, <НЛ»-æй рагæпп гæнæн нæй, тæхæг, дам, æнæмæнг йæхи скъуырдзæн стабилизаторыл æмæ фæмард уыдзæн. Ныр сын Ботъойы фырт æиæбары, фæлæ хъуыддагæй равдыста, сæ хат- дзæгтæ раст кæй нæ уыдысты, уый. Æмæ ма иу хабар ирон тæхæджы хæстон цардæй. Корсун- Шевченкойы хæстыты махонты æрхъулайы бахаудтой гитлерон- ты стыр тыхтæ. Георги æмæ йе ’мбал Васин уæлдæфæй бафип- пайдтой фашистты æртæ колоннæйы. Уыдон сæ фæндаг дард- той скæсæн фронтмæ. Ботъойы фырт хабар радиойæ фехъусын кодта нæхи штабмæ, йæхæдæг тугуарæн байдыдта гитлеронтыл. Са? фæсчъылдыммæ ныллæджыты батахт аст хатты æмæ та-иу сыл нæ алыхуызон хæцæнгæрзтæй нызгъæлста, цалынмæ йæ пæмгуытæ бынтондæр нæ фесты, уæдмæ. Фæстæдæр куыд рабæ- рæг, афтæмæй Георгийы хæдтæхæджы сармадзантæ æмæ пуле- меттæй уым сæ мæлæт ссардтой знаджы 250 салдат æмæ афи- Церæй фылдæр. Уыцы сгуыхтдзинады тыххæй Райгуырæн бæстæ -ъæбатыр тæхæгæн^саккаг кодта Сырх Тырысайы орден. ...Зиагæн йæхи зæххыл фесты Георгийы хæстон стæртæ. Иæ хъæбатырдзинæдты цардæгас æвдисæнтæ—120 æнтыст- 11* 161
джын хæстон атахты æмæ цыппæрдæс паддзахадон хæрзиуæ- джы, уыдонæй фондз ордентæ. 1945 азы йын командæкæнынад, йæ гæххæттытæ бацæттæ кодта Советон Цæдисы Хъæбатыры ном ын радтынмæ, фæлæ уыцы куырдиат æххæстгонд цæуылн^ ’рцыд, уый абоны онг дæр не сбæрæг, Цæвиттон, уагæвæрдмæ ’гæсгæ хъæбатыры ном райсынæн хъуыдис æнтыстджын 100 хæстон атахты. Хæсты фæстæ дæр ма 1958 азы онг майор Ботъоты Георги службæ кодта Советон Æфсады. Реактивон техникæ фæлвары- ны хъуыддаджы йæ къухы стыр æнтыстдзинæдтæ кæй бафтыд, уымæ гæсгæ Сырх Тырысайы æртыккаг орден райста сабыр царды азты. Æфсадæй рацæугæйæ дæр хæдтæхджытыл ше зæрдæ не сивта — абоны онг зæрдæрайгæйæ службæ кæны æм- бæстагои авиацийы. &
Гасситы Вврæ БУРДЗИТЫ МУДЦÆЙЫ ХÆЦÆНТÆ ш аИВВь—^ысыл ма, æрмæстдæр хæрз чысыл, æмæ бахæццæ ^ыдзысты нысангонд бынатмæ. Уырдæм та цыфæнды амалæн дæр хъуамæ бахæццæ уа. Уым, хъæды дзыхы, æрымбырд сты знаджы стыр æфсæддон баиугæндтæ æмæ сæхн цæттæ кæнынц размæбырсты рацæуынмæ æмæ советон æфсæддон хæйтты хъахъхъæдад атоиыимæ. Знон изæрæп нæ разведкæ фехъусын »<одта, зæгъгæ, хъæды дзыхы стыгуыр сты немыцаг фнстæг æф- сады танкæйон, артиллерион æмæ æндæр баиугонд æфсæддон хæйттæ. Хæс уыд уый мидæг, цæмæй бахъыгдардæуыдаид знæгты размæбырст. Уыцы хъуыддаг та бахæсчындæуыд Бурдзиты Аборы^фырт Мудцæйы эскадрилийæн. Æмæ мæнæ .фæтæхы арæхстджын хъæбатыр тæхæг Бур- Д’зийы фырт бо^бæзгъалæг хæдтæхæгыл нысангонд бынат- мае йæ цæргæсты|разæй. Уый уыд 1941 азы кæрон горæт Ка- лугæйæп ныгуылæны '’рдыгæй, Водопопы хутормæ хæстæг. Бирæ йæ нал хъæуы, чысыл-ма, æмæ райдайдзысты фыд- гулты дæрæп кæнын. Æхсæвы тар къахы цæстытæ. Бынæй æр- 163
балæстысты мигътæ æмæ рæстмæ нал æвзарынц нысан. Фæлæ иу рæстæджы бынæй цавæрдæр сырх стъæлфæнтæ мигъты скъуыды хæрдмæ лæбурæгау скодтой. Бурдзийы фырт сæ æнæ бафиппайгæ пæ фæци, уый бынæй чидæр нæ разведкæ- гæнджытæй нысан лæвæрдта хæдтæхджытæм. «Æрбахæццæ стæм», — ахъуыды кодта Бурдзийы фырт æмæ бардзырд радта знаджы æфсæддон хæйттыл бомбæтæ æрызгъалыны тыххæй. Æмæ мæнæ йæ эскадрилийы хæдтæхджытæ иугай-дыгап æрзылдысты хъæуæй цæгатварс хъæды дзыхы сæрты. Æмæ ка^рæдзи фæдыл згъалын райдыдтой сæ бомбæтæ. Чысыл фæстæдæр арты пиллоны æвзæгтæ ныррухс кодтой æхсæвы тар гуыбын, уый, æвæццæгæн, бомбæ комкоммæ сым- бæлд бензины цистернæйыл. Райдыдтой знæгтьтл бомбæтæ калын. Чысыл фæстæдæр скуыстой немыцæгты зениткæтæ. Фæлæ арæхстджын цæргæс- тæ, сæ хæс сæххæстгæнгæйæ, раздæхтысты фæстæмæ. Афтæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдыры Бур- дзиаты Мудцæйы хæстон фæндаг, хъæбатыр æмæ лæгдзинады фæндаг, цард æмæ уæлахизмæйы фæндаг. Авд хатты фæцæф æрмæстдæр 1941 азы уæлдæфон тохты йæ хæдтæхæг. Авд хат- ты йæхи раппæрста судзгæ хæдтæхæгæй. Æхсæз хатты ницы ныццавта, .æвдæм хатт фæци уæззау цæф æмæ хуыссыди, Ал- ма-Атайы, уый фæстæ та Ташкенты р’ынчындæтты. Сдзæбæх. Ногæй та фронт. Ногæй та бомбæтæзгъалæг хæдтæхджыты экскадрилийы командир. Уый уыд Вязьмæйы горæтмæ хæстæг, немыцаг. эшелон хæстон хæцæнгæрзтæ æмæ нæмгуытæй едзаг, афтæмæй æрба- цæйцыд горæтмæ, се ’фсæддон хæйттæн æххуысмæ. Бурдзийы фырты эскадрили бардзырд райста знаджы эшелоны ску!ы- нæг кæнын. Дцы хатт дæр та Мудця» атахт нысангонд бынатмæ йæ эскадрилийы хæдтæхджыты разæй. Уæззау æмæ тæссаг уы- дис уыцы хæс, фæлæ Ьурдзпйы фырт йе ’мбæлттимæ цæсгом- джынæй сæххæст кодта бардзырд, знаджы эшелон куынæг- гонд æрцыди. Уып тыххæй йæ схорзæхджыи кодтой «Сырх Ты- рысайы орденæй. 1941 азы æвирхъау тохты Бурдзийы фырт фыдгул знæгты æфсæддон хæйтты æмæ хæстон * æрмæджытыл • стыр зиæнттæ кæй æруагъта, уый тыххæй йæ æфсæддон командæкæнынад схорзæхджын кодта дыккаг хатт Сырх Тырысайы орденæй. , ... Иамысджын уыд Бурдзийы фырты тохы, фæндаг. Æдзухæй дæр нæ цард мæлæтдзаг тасЫ бын уыди, фæлæ никуы фа^тар- сти хъæбатыр хæстон. Хъуыды ма кæны: иу хатт, уый ,?1942 азы сæрды уыди, йæ хæстон хæс æххæст кæнгæйæ, æрбацæй- • здæхтис фæстæмæ. Фронты сæрты рахизынмæ йæ нырма дзæв- гар хъуыди, афтæ «тнæнхъæлæджы æвирхъау нæрд фехъуыст. 164
Йæ хæдтæхæг ныррызт, æваст* иуырдæм фæкъул æмæ нал кæ- еы йæ хицауы коммæ. Знаджы зенитон артиллерийы нæмыг пæ тæккæ цуры кæи’фехæлд æмæ хæдтæхæджы сойын бакы’ нæмыджы схъис кæй батыдта, арт ыл кæй сирвæзт, ныртæк- кæ бензины бак дæр кæй схæцдзæн æмæ хæдтæхæг уæлдæфы’ кæй фехæлдзæн,' ууыл гуырысхо нал кодта Бурдзийы фырт. Хъуыд æвæстиатæй парашютæй рагæпп кæнын, æндæр амал дзы нæ уыди. Йемæ ма йе ’звенойæ цы дыууæ хæдтæхæджы’ уыдис, уыдонæн дæр ын сæ бон баххуыс ницы уыдн. Хæдтæхæг йæ уæз сафын райдыдта æмæ схъиугæ рацыд’ зæххы ’рдæм. Фервæзыны амал нал ис, æмæ рагæпп ласта’ Бурдзины фырт хæдтæхæгæй. Хæдтæхæг зæхмæ дæр æххæст иал æрхæццæ, афтæ фехæлди уæлдæфы. Æхсæвы тар къахта- цæстытæ, кæмдæр бынæй, хаттæй-хæтт ферттивынц иугай мы-' иæг рухсытæ. Бурдзийы фырт хаты, бынæй немыцæгтæ кæй сты, æмæ сæ къухмæ куы бахауа, уæд æй удæгасæй кæй нæ; ныууадздзысты. Фæлæ л<æд мæлæт, уæд кадимæ. Искæй ма сæ’ хт-уамæ йæ разæй мæрдтæм барвита. Бынæй, сатæгсау зæхх’ цадæггай хицæн кæны æхсæвы тарæй. Хъæд! Хаты йæ, цыдæр æхцон хъуыды фæзындис йæ сæры магъзы. Кæд хъæды æр- бада, уæд, чи зоны, ирвæзгæ дæр фæкæна. Хъуыды нæма ахæццæ кæронмæ, афтæ парашют йæхи х’ьæдыл рахафта, бæласы цъуппытыл атыхст æмæ лæг ауыгъ- дæй баззад. Тых æмæ амæлттæй йæхи ссæрибар кодта пара-' шютæй æмæ бæласы ставд цонгыл уырдыгмæ æрбырыд. Æр- гæпп кæнон куыд загъта. афтæ къалиу ныкъкъæрцц ласта æмæ Бурдзийы фырт расхъиудта зæхмæ. Бауадзыг. Иу боны бонцау иæхи нал æрымбæрста. Стæй иу рæстæджы йæ цæстæй ракаст. Æхсæвы сау хуылф цадæггай фæлурс кæнын райдыдта. Арвыл ма иугай-стъалытæ мынæг ферттив-ферттив кодтой. Сæ бæрæг астæу æрзæбули мæйы мæрдон фæлурс æрдæг сыкъа. Бæстæ сабыр, æнæунæр. Æрмæст кæмдæр, дард ранæй æрбайхъуысы хуыссæгхъæлдзæг куыдзы рæйын, æмæ уый куы фæсабыр вæй- йы, уæд та бæстыл сабырдзинад атулы. Цыдæр æнахуыр сабыр æмæ тæссаг æм фæкасти Бурдзи- йы фыртмæ уыцы райсомы æгуыппæг сабырдзинад. Рагæй нал федта ахæм сабыр æгуыппæг райсом. Бон хъæды бæлæсты тæрттыл куыд тад, афтæ амыты-уымыты кæрæдзи фæдыл суа- сьщысты хъйеддаг мæргътæ. Бпрæ уарзы Бурдзийы фырт ахæм жмбисонды райдзаст райсомтæ. Фæлæ йæ ныртæккæ уыдон мæт нæ уыди. Уадидæгæн цыдæр тæссаг хъуыды схæлбурцъ ^одта нæ сæр’ы магъзы: Кæм дæн? Йæ алы фæрсты ракæс-ба- }<æс кодта. Фæлæ змæлæг никуыцæй зыны. «Цæуын хъæуы», — загъта йæхицæнгæмæ аныр сыстон куыд загъта, афтæ йын ЦЫдæр æвирхъау рыст йæ фæскъæбут ныццавта, цæстытæ- зтарытæ сты æмæ фæстæмæ зæххыл æрхауди. Иу цасдæр рæс- таджы фæстæ ногæй йемуд æрцыди. Ныр хуры тыитæ, бæлæс- 165'
ты ’хсæнты, лæбурæгау кодтоп хъæды хуылфмæ. Бурдзийьг фыртæн йæ ком ныссур, хъустæ гуыз-гуыз кодтой, рыст йæ зæнг. Æрысгæрста, йæ къах уыд уæззау цæф. Афæлвæрдта ногæй, фæлæ та йæ бон сыстын куы нæ баци, уæд йæ фазыл сындæггай абырыд. Пудзæвгар’ абырыд, стæй йæ хъустыл цæугæдоны унæр ауад. Фаг дзы банызта, æмæ донвæдыл ныл- л’æууыд. фæлæ куыд дарддæр быры, афтæ къахы рыст кæны тынгæн-тынгдæр, ныррæсыд æмæ йæ, хуылыдз къодахау, тых- хæйты йæ фæдыл ласы. Хъæдæн дæр йæ кæрон никуыцæй зыны. Ныры хуызæн никуы фæтыхст, ныры хуызæн рæсугъд æмæ йæм адджын никуы фæкаст цард Мудцæмæ. йæ цæсты- аыл ауад æгасæй дæр йæ цард, йæ райгуырæн. хъæу Салыгазр- дæн. Ацы ран райгуырд 1909 азы, ацы ран арвыста йæ сабион бонтæ. Ардыгæй ацыд кусынмæ Садоны æрзæткъахæнтæм |1923 азы æмæ дзы фæкуыста суангдæр 1926 азы онг. 1926 азы ахуырмæ ацыд Таганроджы горæтмæ, райста инженер-механи- чы ном. Цалынмæ йæм æфсады рæнхъытæм не ’рсидтысты, уаедмæ ахуыр кодта аэроклубы — ссис хæдтæхæгскъæрæг æмæ иæм ныр Сырх Æфсады рæнхъытæм куы æрсидтысты, уæд æй уадидæгæн арвыстой горæт Чкаловы æфсæддон-техникон скъо- ламæ. 1\аст æй куы фæцн, уæд ын радтой лейтенанты чин. Хæст æй æриййæфта Китайы арæныл. Уадидæгæн йе ’фсæддон хай æрвыст æрцыд фронты раззаг хахмæ æмæ уæдæй нырмæ æппынæдзухæй ис хæцæг æфсады рæнхъыты. Цал æмæ цал хатты бахауд æвирхъау зын уавæрты, фæлæ-иу кæддæриддæр уæлахнзæй рацыд. «Æвæццæгæн, æрхæццæ кæны мæ адзалы рæста>г — аирвæзæн мын нал ис», — хъуыды кæны Мудцæ, разма* тых æмæ амæлттæй хилы, афтæмæй. Æнæнхъæлæджы кæпдæр къæхты унæр йæ хъустыл ауад. <чМæ фæдыл бафтыдысты», — схæлбурцъ кодта йæ сæры магъзы. — Фæлæ удæгасæй мæхи нæ ратдзынæн», — уадидæ- гæн йæ къухы февзæрдис дамбаца, æрныгъуылд æмæ æнхъæл- мæ кæсы знæгты фæзындмæ. Фæлæ йæ фæдыл чи бафтыд, уы- дон уиæрмæ байхъусгæйæ, рахатыдта, къахы унæр иу йедтæ- мæ кæй нæ у æмæ уæд анвæй йæ сæрыл схæцыд, чи у, уый базонон, зæгъгæ. Уыны: иу 8—12 азы кæуыл цыдаид, ахæм æв зонг лæппуйæн чысыл фæрæт йæ къухы, афтæмæй хъæДы ’рдыгæй æрцæуы уый æрдæм. Банхъæлмæ’ йæм каст, фæлæ лæппу йæ иуфæрсты фæцæйфардæг кодта. Мудцæ йæм фæ- сидт. Лæппу йæ ахæм хуызы, куы федтэ, уæд сæхнмæ ацыд, сахаты фæстæ фæзынд йæ мадимæ, уыдон% Мудцæйы бафæс-" фæд кодтой, стæй куы ’рталынг, уæд та пæ сæхимæ ’рхастой. Усæн йæ хистæр фырт уыд’ партизантимæ ,'æмае йын фехт^сьш ко^та. Цалдæр боны фæстаё; партизанты æххуысæй Мудгхæйы хæдтæхæгыл рахаста фронты сæрты. ’’ Бирæ рæстæджы фæхуыссыди рынчындоиы, сдзæбæх æмæ та ногæй хæсты быдыр. Ныр ын йæ чин дæр фæбæрзонддæр 1166
кодтой, ссис авиацийы гвардийы майор, эскадрилийы ко- ^андир. 1942 азы кæрон Сталинградмæ бацæуæнты немыцаг-фа- пшстон тугхорты ныддæрæн кæныны тохты акгивон хайад кæй ранста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Стъальшы ор- денæй. Хæсты быдыры ма бирæ хæттыты кæй басгуыхт, уый тыххæи ма йын радтой Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг къæп- хæны орден. Хорзæхджын у ноджыдæр цалдæр майданы æмæ •гфсæддон командæкæиынады бузныджы арфæтæй. Фæци Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уæззау цæфтæ æмæ хъæдгæмттимæ æрыздæхтис Мудцæ хæсты быдырæй. Йæ цæф- тæ чысыл куы байгас сты, уæд 1948 азы æрцыд горæт Сталинир- мæ. Куыста автоцалцæггæнæн заводы. Уый фæстæ та куыста Кие- вы горæты «Сырх экскаватор»-ы заводы цехы хистæрæй. Уый фæстæ фæрынчын æмæ цæрынмæ æрцыд Абхазы республикæ- мæ Галийы горæтмæ. Æртæ азы размæ бынтондæр æрыздæхтис йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ ныртæккæ цæры Орджоникидзейы горæты. ;&
Мамсыраты Мурат ТЁРЧЫ ХЪÆБУЛ ’ — СИВАШЫ ХЪÆБАТЫР’ ^рæджы газег «Красная звезда»-йы уыдис Советон? Цæдисы Хъæбатыр Илья Поликахины уацхъуыд. 25 азы раз- мæ, знаджы ныхмæ тох кæнгæнæ, не ’фсæддонты къорд Сива- шы фаллаг былмæ куыд ахызт, уый æрæмысгæйæ Поликахин ракодта Бтемыраты Хъазбеджы кой. «Ихджын доиы нæ æхсæвыгон ахизып хъуыд фаллаг фарс- ма\ — фыссы Поликахин. — Уымæй дæр бæгънæгæн: нæ уæ- лæдарæс æмæ хæцæнгæрзтæ доны цæугæйæ хъуамæ нæ сæрмæ дардтаиккам. Фаллаг былыл уыдысты знаджы фидæрттæ. Зын уыдис не- мыцмæ бабырсын ахæм уавæрты. Фæлаэ ихджын донмæ ных- хизын дæр æнцондæр никæмæ каст. Æмае уæд полчы комсорг Бтемыраты Хъазбег загъта: «Разæй ацæудзысты фæскомцæ- дисонтæ». Хъазбег йæ уæлæдарæс фелвæста æмæ донмæ ных- ^ызт. Мах дæр уæд йæ фæдыл фæраст стæм. ...Знагæн нæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, ахæм хъызг 168
азхсæв доныл æрбахизынмæ исчи йæ ныфс бахæсдзæн, уый,. æмæ йыл æвиппайды куы ныккалдтам, уæд сæлхæрву фæци, афтæмæй лидзын .байдыдта. Мах фæстæ доныл æр.бахызты- сты иннæ æфсæдтæ дæр...» 1 ’ • Полчы комсорг Бтемыраты Хъазбег, ирон кæй уыд, уый дызæрдыггаг нæу. Фæлæ чи уыд, кæцон, цы фæци ныртæккæ?' Уый базоныны фæдыл ныффыстам Поликахинмæ, афарстам Бтемыратæй цалдæры: Æмæ йын мæнæ ссардтам йæ хæрз æф- сымæр Ильяйы. Кусы горæт Орджоникидзейы адæмон конт- ролы комитеты сæрдарæй. Ныхас кæнæм Ильяимæ. — Цы уын зæгъон Хъазбегæй? — дзуры Илья. — Хуы- мæтæджы лæппу уыди. Ахуыр кодта Алагиры астæуккаг скъо^ лайы. Дæсæм къласæй хæстмæ ацыд. Фыццаг хæсты бацыд Малгобеджы цур, уый фæстæ Дзуарыхъæуы раз фæцæф. Æр- тæ æфсымæрæй дæр хæсты уыдыстæм, æмæ йæ рынчындонæй куы рафыстой, уæд та мæм йæ раздæры æфсæддон хайæ фыс- та дзæбæх дæн, зæгъгæ. Мæнæ ма нæм цыдæртæ баззад, йæ- Хстдæг, стæй хицауад кæй сæрвыстой, уыцы пнсмотæй, — æмæ дзы иу цалдæры нæ цуры æрæвæрдта. «Дæ бон хорз, мæ зынаргъ ныййарæг ’мад! — фыста Хъаз- бег. — Афтæ æнхъæлдтон, "Ильяимæ фембæлдзыстæм. Кæрæ-' дзимæ хæстæг уыдыстæм иу рæстæг, Фæлæ æз, знон кæм уыдтæн, уырдыгæй ныр дзæвгар дарддæр афтыдтæн. Немыц ли- дзынмæ ахæм рæвдз сты, æмæ сæ хатгай æййафгæ дæр нал’ фæкæнæм. Мæныл мæт ма кæн. Дæн дзæбæх, æнæниз. Æн* хъæлмæ кæсын дæ бирæ нал хъæуы. Мæнæ ма æххæст нæ «уазæджы» й-æ хæдзармæ — Берлинмæ бахæццæ кæнæм, æмæ уæд нæхимæ фæцæуын». Мæнæ æндæр къухæй фыст писмо дæр. «Дæ бон хорз, Зинæ! Дæ лæппу Бтемыраты Хъазбег у большевикты партины пузæрдион хъæбул. Цыфыддæр знаджы ныхмæ карз тохты Хъазбег равдыста стыр хъæбатырдзинад. Не ,'фсæдты къорд Снвашы фаллаг фарсмæ куы бырста, уæд дæ фырт ихджын лонмæ ныххызт фыццаг æмæ йе ’мбæлтты дæр ныфс бауагъта. йа? хъæбатырдзинады тыххæй йын Райгуырæн бæстæ скодта стыр аргъ: йæ риуыл тæмæнтæ калынц Сырх Стъалыйы орден.. М айдантæ «Хъæбатырдзинады тыххæй» æмæ «Хæстон сгуыхт- Дзинæдты тыххæй». Не ’фсæддонтæн се ’ппæтæн дæр тынг уарзон адæймаг у Хъазбег. Цалдæр ’мæйы размæ дæр.;ма старшина уыд, ныр та ссис афицер-лейтен’ант, у æфсæддон; хайы фæскомцæдисон ор- ганизацийы " разамонæг. ’ . Стыр бузныг, Зинæ, ахæм хъæбатыр фырт кæй схъомыл кодтай, уый тыххæй! '169-
Æфсæддон хайы командиры хæдивæг Н. Кострикин. Июнь, 1944 аз». Æрæджы редакци писмо райста Илья Поликахинæй дæр. — Стыр æхсызгон мын у, арфæ уын кæнын, мæ хæстои æмбалæн ахæм аргъ кæй скодтат, уый тыххæй, — фыссы По- ликахин. — Хъазбег мæ хистæр уыд. Ф,æлæ йæ æмбал уый тыххæй схуыдтон, æмæ не ’ппæтæн дæр æцæг хистæр æмбал уыд, зæрдæхæлар адæймаг. Ныртæккæ дæр мах хæларæй цæрæм кæрæдзиимæ. Арæх нæ, фæлæ уæддæр фембæлæм. Æрæджы дæр та мæм уазæг- уаты уыдпс йæ бинойнаг æмæ йæ фыртимæ. Æхсызгонæн фæ* бадтыстæм. æрæмысыдыстæм кæддæры бонтæ. Æмæ сымахæн дæр радзурон уыцы хабæрттæ. Æз сгарджыты къорды уыдтæн. Искуы — иуæй фæстæмæ уыдыстæм фæскомцæдисонтæ. Хъазбег ’ мæн снысан кодта къорды хистæрæй. Арæх-иу йæхæдæг дæр немæ ацыд «æвзаг» самал кæньшмæ. Давд немыцагæн марæн нæ уыд, æгасæй йа> хъуамæ æмбæлын кодтаиккам бынатыл. Уый та чызг скъæ- фæгау нæу. Фæлæ-иу уæддæр афтидæй никуы раздæхтыстæм. Уæлдайдæр-иу нæ комсорг нæ разæй куы цыдис, уæд. Иæ службæмæ гæсгæ хъуамæ Хъазбег кæддæриддæр шта- бы уыдаид. Уым та æдасдæр у. Фæлæ уый æдзухдæр архайд- та мах астæу уæвыныл. Не сгарджыты къорды кой хъуыстгонд уыд æппæт фронты дæр. Зыдтой нæ ахæм комдзыд хæстон разамонджытæ, куыд Толбухин, Бирюзов, Баграмяи, Крейзер.æмæ æндæртæ. Мæ бон фидарæй зæгъын у, нæ номдзыд къордæй алчи дæр кæи уыдис Хъазбеджы хъомылгæнинаг. Уый уыдис нæ фæскомцæ- дисон разамонæг, кæмдæриддæр нæ разæй цыд, æмæ, уый фæзмгæйæ, мах дæр стыр хъуыддæгтæ кодтам. Кæцы дзы ца- вæр хъæбатырдзинады тыххæй райста, уый нал хъуыды кæ- нын, фæлæ Хъазбегмæ ис дыууадæс паддзахадон хæрзиуæджы. Уыдонæй иу, чи зоны, райстаид ахæм хъуыддаджы тьгх- ха*й. 1944 азы уыдис уый, апрелы æстæм боны. Ныртæккæ дæр ма мæ цæстытыл уайы уыцы ныв, Сиваш æмæ Перекопæй не ’фсæдтæ абырстон, знаджы дыууæрдыгæй ныццæвгæйæ. Мах полк æппæты разæй хъуамæ сæмбæлдаид, Перекопæй чи бырста, нæ уыцы æфсæдтимаз. Ома «æппæты зындæр ран мах уыдыстæм. Не ’мбæлттæй бирæтæ ’фæмард сты. Разæй цы ба^ тальон цыд, ууыл немыц пулеметтæй, минометтæй афтæ тынг кыккалдтой, æмæ дзы йæ сæр сдарын ничиуал фæрæзта. Тæс- саг’уВД110» на? ныббырст куы’фæсыкк уа, уымæй. ^ Уалынмæ Бтемыраты 'Хъазбег фестад, азгъордта '.&м& ныхъхъæр кодта: «Размæ, мæ. фæдыл». Хъазбеджы чи нæ^зыд- 1 та, ахæм иæ уыд полчы, æмæ йæ куы ’ ауыдтой, уæд .иууыл- дæр сыстадысты, йæ фæдыл абырстой. Уый руаджы батальоп 170
знаджы акъоппытæМ бахæццæ æмæ сын риуæй-риумæ тох Ка- цандагъ, немыц лидзын байдыдтой. Уалынмæ... Мæхи цæстытæй ауыдтон, Хъазбеджы тæккæ цур сарма- дзаны нæмыг куыд фехæлд, уый. Мах, сгарджыты къорд, бад- тыстæм полчы командиры фарсмæ акъоппыты фыццаг рæн- хъы, æнхъæлмæ кастыстæм сæрмагонд бардзырдмæ. Хъазбе- джы тæккæ цур зæхх хæрдмæ куы сабузта æма йын йæхи куы нæ уал ауыдтон, уæд фæгæпп кодтон, азгъорон æм, зæгъ- га\ Фæлæ мыл ме ’мбæлттæ ныххæцыдысты. Полчы командир та къухæй йæ ных ныххоста æмæ сагъæс кæнгæйæ сдзырдта: хОх, мæнæ цы лæппу æрбайсæфт!». Акъоппытыл хъус-хъус ацыд, Хъазбег фæмард, зæгъгæ-, Ме ’мбæлттæй бирæтæн сæ цæссыг æркалд: ау, уыцы зæды хуызæн адæймаджы, хъæлдзæг æмæ хъæбатыр æмбалы хъгр- тачс нал фехъусдзыстæм?! Немыц нæ бафæрæзтой ныббырстæн, æгас ма дзы чи баз- зал;. уыдон фæлыгъдысты. Мах> дæр сыстадыслæм æмæ згъо- рачм, разæй цы æмбæлттæ алæгæрста, уыдоны фæдыл. Чысыл раздæр гуырæй-гуырмæ хæст кæм уыдис, уырдæм куы бахæц- цæ стæм, уæд иу цалдæрæй æвиппайды нæ мидбынаты сагъ- дауæй аззадъютæм, рахизырдыгæй айхъуыстам Хъазбед^ясь^ хъæлæс. Базгъордтам уыцырдæм. Мæнæ кæсæм, æмæ зæххы бынæй зыны адæймаджы сæр. Цæсгом сыджыт) æмæ мпланы нал зыны, æрмæст цæстытæ æрттивынц. — Къахгæут, цы мæм кæсут! — сдзырдта Хъазбег, йæхæ- дæг пыххудт, куыд цымыдисæй йæм кæсæм, уый бамбаргæпæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй сармадзаны нæмыджы* срæмыгъ- дæй Хъазбег акъопмæ ныххаудта æмæ сыджыты бын фæци, пæ бон схизын нал уыд, цалынмæ йæ ракъахтам, уæдмæ. Иæ- хи æрцагьта, къухты кæлмæрзæнæй йæ цæсгом асæрфта, йз* хнмæ æркæстытæ кодта æмæ хъазгæйæ загъта: — Æнхъæл дæи, æмæ мæ хæлафы итувæрд фехæлд.". Цыфæнды зын уавæры дæр адæмы зæрдæты* ныфс уадзын зыдта Хъазбег. Фылдæр йæ цыргъзонд, хъазæн ныхасæй. — Ирон æгъдау куыд домы, уый зоиут? Лæгæн йæ худмæ базналын у æвирхъау æфхæрдыл нымад. ,Уый ныббарыны бæсты-иу нæ фыдæлтæ туг ныккалдтой. Ацы æнаккæгтæ, æвæц- ча?тæн, иæ’ зонынц уыцы æгъдæуттæ æмæ сын сæ, цæй бам- барын кæнæм, лæппутæ! Æцæг ныббырстмæ бардзырд цалын- ^гяе уа, уæдмæ’’йæ хъама мачи сласæд. ^ыцы ных’æсты фæстæ акъоппы айзæлыд хъæлдзæг худт, чысыл фæстæдæр та — ныббырсты бардзырд. Гъе, ахæм хъæбатыр лæппу* æмæ хорз æмбал у уе ’мбæс- ^аг — мæ хæлар- Бтемыраты Хъазбег, — фыссы Илья Поли- кахин. V '('- ^
Дзугаты Барис КÆД МÆЛГÆ, УÆД тохы... 1. ЕХ, АДÆЙМАДЖЫ ХЪЫСМÆТ... 1емæ мæ базонгæ кодтой бынтон æиæихъæлæджы. Иу хуыцаубон проспекты сæмбæлдтæн ме ’мгæртты къордыл. Кæрæдзийæн салам радтам. Гъе, ныр сæ фарсмæ мæхи æруа- дзон, зæгъгæ, афтæ мын дзы чидæр ацамыдта бæрзонд, .бæ- зæрхыг лæгмæ. — Бызыккаты Хасанбег, — загъта мæ ног зонгæ, йæ къух мæм ратгæйæ. I Иæ йæ зыдтон, уынгæ дæр æй никуы фæкодтон амæйра<з'.-- мæ. О, фæлæ... Бызыккаты Хасанбег... Кæм ын фехъуыстон йæ ноа1? Кæд мын мæнæ ацы æмгæрттæй исчи уый размæ’ дзырд- та Хасанбеджы тыххæй? Куыд. æмæ кæд уыди, уый нал хъуы- ды кæнын, фæлæ ацы ном æмæ мыггаг фыццаг хатт кæи’нæ ауадысты мæ хъустыл, уый дæр гуырысхойаг нал у. ,.- Бадæм, ныхæстæ кæнæм. Ницы дзуры æрмæстдæр’ Хасан- 8ег. Р1скуы-иу хатт фæлмæн худт бакæны. — Арæби, Хасанбег, цыма махæй къаддæр истытæ зоныс. 172
хъаддæр федтай, уыйау дæхи куы дарыс? — нал æм фæлæу- уыд лæппутæй чидæр. — Уæддæр никæйы бауырндзæн, Бело- руссийы хъæдты дæр фашисттимæ дæ ахастдзинæдтæ афтæ уæздан уыдысты, уый... Ныхас цыд дарддæр, фæлæ æз ницыуал хъуыстон — ногæй Та мæ Яъуыдытæ раздæхтысты Хасан’бегмæ. Белоруссийы хъæдтæ... Хæст... Партизантæ... Бызыккаты Хасанбег... Нæ, :<уымæтæджы йæм нæ ахсайдта мæ зæрдæ, цыдæр дзы ис. фæлæ цы? Æмæ, æниу, афтæ цымыдис та цæмæн стæн, иу явмæ дыууæ æнæзонгæ адæймаджы кой фехъусы лæг æрвыл бон дæр? Чи зоны, цас рæстæг рацыдаид, афтæмæй мæ зæропд фыс- тæгты цыдæр агуырдтон. Ракал-бакал сæ кæиын. Иу блокноты мæ цæст ацахста: «Партизанты стырдæр къордтæй иуы ко- мандир уыдис Хъуысаты Дзамболаты фырт Хадзысмел»... Чы- сыл дæлдæр: «Белоруссийы адæмон мастисджыты рæнхъыты тынг зындгонд у Бызыккаты Хасанбег. Бызыккайы фырты ра- замындæй белоруссаг партизанты батальон æнтыстджынæй дæрæн кодта оккупантты Витебскы, Полоцкы æмæ Молодечно- йы облæстты». Ноджы дæлдæр та — ацы рæнхъытæ кæцæй систон, уыцы чиныг амынд: «Æппæтадæмон партизанон хæст фашистон лæбурджыты ныхмæ Белоруссийы. Фыццæгæм хай». Бирæ фæрафæлдах-бафæлдах кодтон .чиныг, фæлæ дзы Хасанбеджы тыххæй æндæр ницы разынд. Æндæр ницы! Хъæ- батыртæй хъæбатырдæртыл, йæ ном æнустæм æнæмæлгæ чи скодта, адæм фыдæй-фыртмæ сæ кой кæмæн кæндзысты, æр- мæст уыдоныл кæй цæуы ныхас, уыцы чиныджы афтæ кæмæй зæгъынц, уый цытæ бакодтаид! Нæ, уыцы цалдæр дзырдытынг дзаджджын уыдзысты ’æхсар, лæгдзинад, адæммæ æнæкæрон уарзондзинадæй. Уый дызæрдыггаг нæу. Æмæ далæ йæ рай- гуырæн хъæу Цымытийы цæрджытæ, æгас Ирыстон дæр хъуа- ма? зона, нæ бæстæйæн йæ тæккæ зындæр бонтæ куы ’рцыды- сты, нæ зæххы сæрмæ мæлæт сау сынтау йæхи куы æруагъта, уæд иннæты сæраппонд йæхи удуæлдай чи скодта, тугдзых знаджы ныхмæ æдæрсгæ лæгæй-лæгмæ чи ’рлæууыд æмæдис- саджы хъæбатырдзинад чи равдыста, йæ уыцы хуыздæр хъæ- бултæй ноджыдæр ма иуы ном. О, фæлæ куыд сбæрæгчындæуа Хасанбеджы хæстон фæн- Даг, йæхицæн дæр бирæ хъуыддæгтæ йæ зæрдыл хорз куы нал лæууынц, уæд? |{ Хæсты тæккæграйдайæны Хасанбеджы æфсæддон хай ра- тагъд кодта фрон’хмæ, знаджы размæ. Тагъддæр размæ — цас фæстиатдæр кæной" не ’фсæдтæ, уыйас дарддæр советон зæх- хыл æрбафæд кæндзæн лæгхоры цырыхъхъ, уыйас фылдæр фыд- былызтæ æрцæудзæн нæ хæларзæрдæ, нæ сабыр адæмыл. Æмæ мæнæ цæугæдон Березина. Судзы горæт Борисов. Скæсæны ’рдæм лидзынц тæригъæддаг адæм — зæронд лæг- 173
тæ, устытæ, æнахъом сабитæ. Мæнæ, фашистон сырддоны хъо- мкпгопд хъæрццыгъаты амæттаг чи фæцис, уыдоны мæрдтæ» Дæлæ — Кстйдæр дарæг, уæртæ — кæйдæр æнхъæлцау, фал- дæр — йе-’хсидгæ уарзондзинад раргом кæнын чи нæма бай- йæфта, ахæм лæппу... , Ныккæрзыдта Хасанбег, йæ царды фыццаг хатт нал ба- коммæ кастысты йæ цæстысыгтæ — æнæвгъау æрдугъ кодтоГг ризгæ уадултыл. «Сар уæ сæр, лæгсырдтæ, уæ адзал уæ æр- бахаста нæ зæхмæ! — нал баурæдта’ йæхи. — Фæлæ ацы сыгь- дæгзæрдæ адæмæй иуы туг бафидыны аргъ уе ’ппæт æмбыд туг дæр куынæ у»... Хистæр командиры хъæр: «Размæ!» атыд*- та Хасанбеджы уæззау хъуыдыты хал. Размæ, куыд амал исг афтæ тагъддæр размæ! — æндæр сæры ницыуал хъуыды аз- ?ад. Йæ комкоммæ акаст: . быдыр - æмызмæлд кæны размæ- бырсæг фашисттæй. Диссаг у, æвæдза: мæлæты цæстытæм комкоммæ кæс, да? размæ чи лæууы, уый цæсгоммæ хорз бакæсыны фаг рæстæг дæр ма рацæуæд, афтæмæй дын утæппæт хъуыдытæ скæрдын бантысæд. «Нæ, сæлхæртæ, мысты, хуынкъ туманæй чи агурыт' мах уыдонæй не стæм... Ацы минут чи ,'рхуысса, уый бын ,\ъуамæ тæригъæддаг зæхх æнустæм аскъуыйа... Дæ размæ арт æмæ йæ ахуыссын кæн, кæннод дæу ,дæр басудздзæн, ахиз- дзæн дæ сæрты æмæ ма, чи зоны, цал æмæ цалы бацарæфтыд кæндзæн...» ^ Сафтпд пистрлеты обоймæ, йæ хъæдыл баззад кæйдæр туг æмæ сæры магъзы мур. Стыр хылы цæф кæуыл не ’рцæуы, — æруад дзы йæхиуыл дæр. Бирæ .ахаста карз тох, тынг стæнæг сты лæбурджыты рæнхъытæ, фæлæ та мæнæ æрбазынд нрг уылæн танкты фæстæ, сæр сда^ын нал уадзынц хæдтæхджы- тæ. Нæй, цæуын хъæуы фæстæмæ. , Лфтæ хæцгæ-хæцын Хасанбег йе ’взводы баззайæццæгтн- мæ фæцыд 1941 азы июлы кæроны онг. Гъе, ам ыл æрцыд, тынгдæр цæмæй тарст, уыцы æвирхъау хъуыддаг: мæйы фæс- таг бонтæй иуы сбæлвырд: Оршайæ Смоленскы ’хсæн сыл знаг æртыхст, сæ фæндæгтæ сын алыг кодта æмæ иуырдæм дæр( азмæлæн нал ис. . г Армыдзаг сырхæфсæддонтæ атыдтой къæппæг, нæ сæ ба- 7рæдтоп танктæ, сармадзантæ. Нæхионты ’рдæм Хасанбегимæ/ раирвæзт фондз æмæ дыууиссæдз салдаты. Фæлæ ма знаджы чъылдыммæ баззад къорд хæстон хайы.' Цавæртæ сты, цас дзы ис адæдо, цы у сæ бон, кæм сты? Уьшы фа’рстатæ куыд тагъд бæлдардгонд æрцæурй, уымæй аразгæ у зын уавæры бахауæг æфсйд’гы хъысмæт. {Æмæчноябры^бон- тæй иуы, знаджы чъылдыммæ, уыцы хæс%' сæххæст кæныны охыл ацыд сæрмагонд къордУЗын, тæссаг фæндагыл тауйемæ араст Бызыккаты Хасанбег* дæр. Сæрмагонд хæслæвæрдимæ цы къорд æрвыст æрцыд, уый 174
Ныгуылæны ’рдæм пæ фæндаг акодта Смоленскы областыл. Уæдмæ гитлеронтыл хуыссæг нал хæцыд, баулæфыны бон сæ нæ уыд æхсæв дæр æмæ бон дæр — партизанты змæлд рахыэт æцæг æппæтадæмон хæстмæ. Фашистты æфхæрæг сæрмагонд къордтæ-иу фæхæст сты Хасанбеджы къорды фæдыл. Æмæ уый афтæ зын нæ уыд; размæ цæугæйæ иу сахат дæр дзæгъæлы нæч сæфта, æппæт мадзæлттæй дæр арт æндзæрста хæддзу уазджыты бын. Ды- сон цы поезд афæлдæхт, уый пырхæнты бынæй салдæтты мæрдтæ нæма сластой, афтæ та хъус æмæ ног срæмыгъд — хæрдмæ фæтахт егъау хид, бирæ бонтæ рацæудзæн, цалынМæ ууыл ногæй иоездтæ ацæуой. Иу хæуы бындзагъд фæцис не- мыцаг гарнизон, иннæ ран пиллонарт суагъта бензины скълад, кæмдæр лагерæй фервæзын кодта, фашисттæ германмæ ла- сынвæнд кæй кодтой, уыцы советон адæмы... /Ефсæйнаг фæндаг Полоцк-Орша партизантæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фехæлдтой, цалынмæ Хасанбег ардæм æрба- хæццæ, уæдмæ. Фæлæ ныр хъуыдис фæндаг иууылдæр феха- лын. 75 километры! Хасанбег йæ къордæн хæс куы райста, уæд райдыдта цæттæ кæнын. Разведкæ сбæрæг кодта, къорд- мæ цы хай æрхаудта, уый кæй хъахъхъæнынц немыцаг пат- рултæ. Зæрдæ ницæмæуал æхсайдта: Суанг минуты опг бæ- рæг у, патрултæ кæрæдзийы кæд раивынц, кæуылты фæцæ- уыиц, цы сæм ис хæцæнгæрзтæй. Къордмæ ис’фаг рæмудзæн æрмæг, фæлæ Хасанбег бауынаффæ кодта: хъуыддаг бакæнын хъæуы æнæ хъыпп, æнæ сыппæй. Уый тыххæй та хъæуы бол- гытæ æфтауæн сæрмагонд дæгъæлтæ æмæ аркъаутæ. Уыдо- пæн та самалгæиæн уыд æрмæстдæр иунæгран — æфсæнвæн- даджы букæйы. Патрултæ йæ • хъахъхъæнынц? Уый та са? хпцæн ’æвзæрдæр — сар сæ сæр кодта, уым сæ куы баййафой паз партизантæ, уæд. Хъуыддаг уайгæ дæр раст афтæ ракодта. Æнæ уынæрæй будкæгæстæ мæрдты Барастыры раз æрлæууыдысты, дæгъæл æмæ аркъау сæ куыст бакодтой. Партизантæ цыбыр рæстæг- мæ раздыхтой æмæ сæфтыдтой болтытæ, рельсытæ кæрæдзи- иыл бафæлдæхтой, сæхæдæг иуварс рацыдысты æмæ сæхи æр- уагътой сусæг, ран. Бирæ нæ рацыд, афтæ фæзынд дæргъæй- дæргъмæ эшелон. Тагъд кодтой фронтмæ æвæллад; æфсæдтæ,1 цалдæр платформæйы семæ ластой се стыр ныфс — ног танк- тæ æмæ сармад^антæ. Æнæрхъæц уыдысты уыцы бонты гит- леронтæ, алкæйьг^дæр уырныдта, ,мæнæ ма бон-дыууæ, æмæ Мæскуыйы уыдзæНмНемыцаг-фашистон æфсады уæлахизы па- рад. Мæскуы райсыны тыххæй дын’ фюрер цы æфсæйнаг крест саккаг кодта, уыимæ.Сырх фæзы ист къам дæ тъымы-тъыма- "аэн ныууадз... Тагъддæр размæ!' Æвæццæгæн, ныр дæр салдæттæ æмæ афицерты уыцы зæрдæагайæг хъуыды фынæй кæнын нæ уагъта. Фæлæ... Зиæг 175
«бæхау паровоз иуырдæм йæхи фехста, йæ фæдыл асайдта ва- гæтты. Бæстæ байдзаг хъыррыст æмæ гыбар-гыбурæй, фæстаг вагæттæ сæ быны ассæстой раззæгты, дардмæ фæтахтысты схЙистæ, цæлхытæ. Фашистты мæлæтдзаг хъæр æмæ цъæхахе- тæй уæлдæф байдзаг. Ничи банымадта, уыцы ’хсæв вагæтты пырхæнты бын цал удхоры баззад, уый. Къудзиты бадгæйæ æмæ уыцы диссаджы нывмæ кæсгæйæ, цыдæр фæрæхуыста Хасанбеджы зæрдæ. «Утæппæт адæм дæхи къухтæй æдзард фæкæн æмæ цинæй -байдзаг у... Нæ, нæ, тугдзых сырдтæй цас фылдæр амарай, уыйас дæхицæн фылдæр удыбæстæ скæндзынæ. Нæ зæхх уæ хъуыд æмæ йыл фæхæст стут. Гъа, крестытæн та уын мах бои ннцы у, уæ хицæутты ма кæд сымахмæ ’равдæла, уæд, табу- афси, хъæд нæм бирæ. Æнæ иу зиан, æнæ цъæррæмыхстæй Хасанбеджы къорд ,аныгъуылд хъæды æмæ боны цъæхтыл уæлахизы зарæгимæ æрбацыд лагермæ. Немыцæгтæ фæстæмæ лидзын куы райдыдтой, уæд уыцы фæндагыл иунæг поезд дæр нал ацыд: рельсытæ-иу æвæрд нæма фесты.гитлеронтæн, афтæ та-иу сæ куы иу ран, куы иниæ рак срæмыгътой партизантæ. 1943 азы райдайæны Хасанбег йæ къордимæ ныддæрæн кодта пъæлицæйы волосты управлени гСеннойы районы хъæу Новосельскийы. Ацы операцийы къорд йæхи равдыста тыпг фæлтæрдджын, тынг хъомысджынæй, æмæ дзы арæзт æрцыд батальон, командирæй та йын снысан кодтой Бызыккаты Ха- санбеджы. Ууыл бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæмæй ног хæс: Сенно- йы районы ис тыхджын немыцаг гарнизон. 400 салдаты иф- тонггонд сты алыхуызон хæцæнгæрзтæй æмæ хæстон техни- кæйæ. Лмæйразмæ партизантæ бирæ хæттыты афæлвæрдтой йæ ныддæрæн кæныныл, фæлæ дзы ницы рауад. Дæлдæр хи- цауад бауынаффæ кодта: гарнизоныл дыууæрдыгæй лыббырг- дзысты Садчиковы полк (уым уыдис Хасанбеджы батальон дæр) æмæ белорусс’аг адæмы хъæбатыр фырт Константин Зас- лоновы бригад. Цæмæй æмбæрстой фашисттæ, ногæй та сæм бауæнддзы- сты партизантæ, уый.' Ацы хатт операци цæттæгонд уыд тынг сусæгæй æмæ лæмбынæг. Бынæттон цæрджыты æххуысæй разведкæ æнæ бæрæггондæй ницыуал ныууагъта. Ныр зæрдæ ницæмæ уал æхсайы, зæгъгæ,/уæд партизантæн сæхицæн дæр æнæнхъæлæджы æрбацыд бар^зырд: «Размæ!» Æхсæвы та’ — 1 Садчиковы полк иуырдыгæй,'/ Заслоновы бригад. иннæрдьтгай уадау ассæстой гитлеронты, ’бирæйы дзы цæгъдгæ ныккодтой, ! иннæты ракодтой уацарыт сæ^къухы бафтыд бирæ хæцæнгарз, Чехникæ, хойраг, ахсджиаг документтæ. Ахæм уыд партизанты цард: алы сахат, алы минут дæр 176
цæттге у, æнхъæлмæ кæс пог хъуыддагмæ, афынæй кæнынæн ды’н № минуттæ ис, уыдоны дæргъы дæр хæцæнгарз дæ къу- хæй ма суадз. Афтæ та рауад ацы хатт дæр. Батальоны командирæн штабæй фехъусын кодтой: «Ра- ]]0ны центр Ча’шниктæм Черейæ ,рараст чырæ 96 бричкæйы. Уæ хъуыддаг кæнут». Саг — фæрæтмæ! Тагъд кæнын хъæуы, (Ьа’ла* æнæсæрфатæй атæх, кæм, цы æмæ куыд бакæнын хъæ- уы. \гый ма сбæлвырд кæн, афтæмæй знагыл дæхи ныццæв, æмæ’куы асхъиуай дæхæдæг. Цалынм’æ адæм сæхи рæвдз код-, той, уæдмæ Хасанбег, ., батальоны, комиссар Конюхов æмæ штабы хицау Матвейкин картæмæ гæсгæ ^сбæлвырд • кодтой, лзнцондæрæй кæм’ афистæг кæндзысты чырæдзауты, уый. Уынаффæ уыд ахæм: батальон дыууæ дихæй ацæудзæы фæндаджы .фæйнæ фæрсты, дыууæ къорды дæр сæхи æрæм- бæхсдзысты хъæу Стражовичимæ ,хæстæг æмæ,, куыддæр ко-, юннæйы сæр сæ рæзты иу’ чысыл ахиза, афтæ — цæвгæ. Цæв- гæ та, æдзух куыд вæййы, афтæ: фыццаг — раззæгты æмæ а?ппæты фæстæгты, цæмæй сын иуырдæм дæр лидзæн ма уа. Нæ, æвæдза, цæуылдæрты сахуыр кодтой партизантæ ацы зшцæйаг уды хицæутты. Æвæццæгæн, мæнæ адон дæр тынг цæттæ уыдысты:- куыддæр, домбай «ура» айхъуыстой, -, раст сыл цыма-исчя командæ кодта, уыйау сæ къухтæ хæрдмæ фа> хъил кодтой, ’сæ автоматтæм ма дзы цы иугай æдылытæ фев- нæлдта, уыдон ’та сæхæдæг сфæлдæхтысты фæндаджы хъæ- бæрыл. Тынг та бацин кодтой уыцы ’хсæв дæр Хасанбеджы ба- тальоны сгуыхтдзинадыл лагеры. Партизантæ сæ разæй æрба- тардтой 125 уацайраджы, байстой 14 пулеметы,, бирæ автомат- тæ, гилдзытæ, продукттæ. — Бузны’г, цæргæс,4 — раарфæ кодта Хасанбегæн полчы командир Садчиков, операци куыд ацыд, уый тыххæй йын куы фехъусын кодта, уæд. — Ныр та — улæфгæ, ахæм тагъд •^ьуыддагæи ницыма хъуысы. 3. КÆМ - ХÆЦÆНГАРЗ, КÆМ — ЛÆГЪЗ НЫХАС Партизан, зæгъгæ, уæд иуæй-иутæм афтæ фæкæсы, æмæ уьш у, æнæ’бирæ рахъуыды-бахъуыдыйæ йæхи знагыл чи ан- Дзары. дзæгъæл ,стратегитæ æмæ тактикæтæ» чи нæ ’нымайы, ахæм адæймаг..гУыныс знаджы — балæбур æм æмæ йын йæ уд сыскъуын, кæннод та дæхæдæг фæмард у. Чп зоны, æмæ\кæддæр уымæ.-’хæстæг лæуд уыдысты пар- тизанта?—’хицæн’фдэвймæгтæ кæнæ хæрз чысыл къордтæ. Фæ- лæ капитан’ Бызйккаты Хасанбег’ та уыдис, ’ æцæг æфсады фгъдау æмæ фæтк кæм ныффидар, ахæм гъæйтт зæгъгæ пар- тизанон æфсады. Хасаибегмæ уыдис фидар æгъдау: цыфæнды 12* 177
чысыл операцимæ дæр цæттæ кæныс — бакæн афтæ, цæмæй дæхи адæмæй хæрз чысыл кæнæ та æппындæр мачи фесæфа. Ай-гъай, хæст хæст у^ æмæ æнæ тугæй хъуыддаг нæ рауай- дзæн. Уæвгæ, хатгай уый дæр хицæй аразгæ у. ...Стыр æмæ хорз ифтонггонд гарнизон æрæвæрдтой не- мыцæгтæ Черейы. Немыцæгты æдде ма ам уыдысты, зын уа- вæры бахаугæйæ, фашистон пропагандæйыл чи баууæндыд, ахæмтæ не ’мбæстæггæи. Цалдæр боны дæргъы йæм парти- занты æртæ бригады æнæрулæфгæйæ бырстой, бирæ зиантæ сыл æрцыд, фæлæ хъæумæ баирвæзынæн ницы амал ардтой. Æппынфæстаг, ныббырст бауромын бахъуыд. Фæлæ — кæдæм? Ацы стыр хъæу цалынмæ уæгъдгонд æрцæуа, уæдмæ тæссаг у, уæлдæр хицауад цы стыр пълантæ сарæзта, уыдон æххæстгонд куы не ’рцæуой, уымæй. Черей, зæгъгæ-иу исчи куы сдзырдта, уæд-иу адæмæн се ’рфгуытæ фелхынцъ сты. сæ дæндæгты хъыс-хъыс-иу ссыд. Цы чындæуа? Ууыл хъуыды кодта, æвæццæгæн, алчи дæр — командиртæй райдай’ æмæ хуымæтæг партизаны онг. Иуахæмы дын’ полчы штабмæ фæдзырдтой Хасанбегмæ. Цæмæ йæ æрбахуыдтой, уый куы базыдта, уæд исдугмæ сагъ- дауæйаззад.Алцæмæ дæр цæттæ уыд, фæ’лæ йын ахæм хъуыд- даг бабар кæндзысты, уымæ не ’нхъæлмæ каст. «Къахгæ мæ ’кæной, æмæ цæмæн?» — ахъуыды кодта æваст. Полчы комаидир фембæрста Хасанбеджы уавæр. — Гъе, уæдæ, афтæ, цæргæс, уæлдæр хицауады уынаффæ у уый, — загъта йын Садчиков. — Ахъуыды кæн, мах дæр ам æнцад нæ баддзыстæм, феххуыс дын кæндзыстæм хуыздæр мадзал ссарынæн.—Полчы командир комкоммæ иыккаст Хасанбеджы цæстытæм: — Гъы, куыд дæм’’кæсы, дæ бон исты бауыдзæн, уыцы æнæхатыр Черейæн, æви йæ æндæр искæйьт бар бакæнæм? Уый æцæг къахæгау фæкаст Хасанбегмæ. — Нæ, Виктор Федорович! — фидарæй загъта Хасанбег. — Æмæ уыцы хæс "райсын нæ бауæндыдтæн, уый куы фехъу- сой батальоны, уæд мæ сæхимæ уадзгæ дæр куы нал бакæп- дзысты... Фæлæ кæд æмбæлы, уæд иу фарста сбæлвырд кæнин. — Табуафси, бафæрс. — Æмгъуыдтæ мæ базонын фæнды. Уыцы иу цæфæи дзы цыма ницы рауайдзæн, афтæ мæм кæсы. Цас рæстæг нын ис бацæттæ кæнынæн? ; , ;• Полчы командир иу чысыл ахъуыды кодта. V — Уыцы иу цæфæй дзы^æртæ бригадæн ницы рауад^ иу батальонæн та дзы уæлдайдæр ницы рауайдзæн, — загъта Садчиков. — Æмæ, ома, уыдонæн цы нæ бантыст, уый дæ ба- тальон: иунæгæй бакæндзæн:;æвиппайды, афтæ • æнхъæл\ничи 1 у, уæхиуыл ма фервæссут. ’’ Æмæ -.дарддæр Садчиков радзырдта, хъуыддаг куыд у, 178
уый. Æрмæст уыцы хъæуы ныхмæ партизанты тыхтæ иууыл- дæр саразæн нæй, уымæн æмæ ма уый æдде бирæ куыст ис: фронтмæ Германæй æрвылбон цæуы бирæ техникæ, æфсæд- тæ, — се ’ппæт бынатмæ хъуамæ ма хæццæ кæной. Хасаибе- джы батальон уал Череймæ йæ цæст .дарæд, кæд амал ’уа, уæд та йæ исгæ дæр бакæнæд. (Раст зæгъын хъæуы, райсдз’æн’ лэй, ууыл хъуыды дæр исчи кодта, уый зын зæгъæн у. — Бамбæрстон, æмбал булкъон, бар нын радт ахъуыды, кæнынæн, — ракуырдта йæхи Хасанбег æмæ атагъд кодта йæ батальонмæ. * — Куыд дæм кæсы, •— афарста Садчиков полчы къамн- сар Андрей Федорович Юрьевы, — исты ’рхъуыды кæндзæн? > — Мæнмæ гæсгæ, ацы, хуыцауæлгъыстмæ раджы сæв- зæрд цыдæр фæнд. Дæ зæрдыл бадар мæ ныхас — исты æнæн- хъæлæджы æхсызгондзинад та нын æрхæсдзæн. Иу æмæ дыууæ боны кæ фæтæрхон кодтой Хасанбег, Ко- нюхов æмæ Матвейкин. Батальоны командир æппæты фыццаг йæ хъуыды куы загъта, уæд иннæ дыууæ кæрæдзимæ бакас-* тысты: — Æнахуыр хæст, нæ? — йæ мидбылты сæм бахудти Ха- санбег. — Æмбарын уæ, бæргæ, уыцы хъуыды мæм куы сæв-- за?рд, уæд дзы мæхæдæг дæр фæтарстæн, фæлæ^ куы ахъуыды кодтон лæмбынæгдæр, уæд мæ бауырныдта. исты дзы кæп ра- уайдзæн, уый. • Æмæ Хасанбег ногæй радзырдта, Черей райсынæн цы пълан æрхъуыды кодта, уый. Гарнизоны ис немыцæгтæ, фæлæ дзы 168 сты пъæлицæйæгтæ, Чи йæ зоны, уыдон се ’ппæт дæр зæрдпагæй кусымц .немыцæгтæн, уый? Сæ фылдæр сты, хæсты райдайæны уацары чи бахауд, тыхмитæ, удхæрдтæн чи нæ бафæрæзта æмæ афтæмæй рæдыд, худинаджы фæндагыл чп ’рлæууыд, ахæмтæ. Партизантæ зыдтой, Черейы комендант кæй у Советон Æфсады раздæры афицер Выходцев. Æрыгон лæппу зын раи куы бахауд, уæд ницы хуыздæргæнæн уыдта, мæлæтæй фæ- тарст æмæ сразы пъолицæмæ бацæуыныл. Ныр уый у ЧерейЫ комендант, гарнизоны хистæр. Партизантæн зындгонд уыд, Зыходцев йæног хицæутты дæр кæй нæ уарзы, арæх се ’хсавн быцæутæ кæй рауайы, уый. Рацæй-р’абон, æмæ дын Черейы комендант Выходцев йæ къæсæрыл ссардта цавæрдæр конверт. Райхæлдта нæ, бакаст писмо æмæ фесхъиудта. Асæрфта йæ.цæстытæ æмæ та ногæй кæсын баидыдта.^<Ссардтой сывæллон, — ахъуыды кодта йæ- хинымæр. ’,— Радт:\'дæхи æмæ дæ](уыцы сахат ацауындзой. Нæ, мае хуртæ, никуы!» — нал баурæдта йæхи, дзыхыдзаг ныхъ-. ^ъæр. кодта æмæ писмо лыстæг гæбазгай бакодта. Черейæ дзуапп не ’рбарвыстой дыккаг, æртыккаг писмо- йæн дæр. ;179
Фæлæ та писмотæ цæуын байдыдтой Череймæ. Фæстагма? сæ фыстой иууылдæр иумæ — адæмы уырныдта, кæд сыл ко- мандир пæ зæрдæ дары, уæд’уый дзæгъæл куыст æмæ рæстæг хуымæтæджы сафæн нæу. Фыццаг дзуаппыты ницы уыд хор- зæймызмæг æвзаг, суанг ма æртхъирæнтæ дæр. Куыдфæс- тæмæ Выходцев фæлæмæгъдæр, стæй, æппынфæстаг, бамбарын кодта: разы стæм нæхи радтыныл, нæ иумæйаг знаджы æм- дыхæй дæрæн кæныныл. Нысангонд бон Выходцев аргъуаны немыцæгтыл дуар сæхгæдта æмæ фæхабар кодта партизантæм. Афтæ — æнæ иу гæрахæй, æнæ иу туджы ’ртахæй Хасанбеджы батальок бацыд Череймæ. Уайтагъд уырдæм æрбахæццæ Садчиков дæр. — Ныр дын цавæр хæрзиуæг ракæнон, Харитошæ? — нал уыд кæрон йæ цииæн. — Цæй, уæд та дæ мæ хъæбысы акæ- пон, — æмæ йыл ныттыхст. ..' ; Хабар куынпæ бахæццæ уыдаид немыцæгтæм дæр. Дыккаг боп Череймæ дыууæрдыгæй ныббырстой сæрмагонд æфсæдтæ. Ам фыццаг хатт систой сæ маст, знон дæр ма Череймæ йæхионты бакæсыи чи нæ уагъта, фашистты сайд кæуыл æрцыд æмæ рæс- тæгмæ сæ фарс чи фæцис, уыцы совётон адæймæгтæ. Немыцæг- ты иу къордæй удæгасæй ннчиуал баззад, иннæмæй ма йæ сæр чи бафснайдта, уыдон та сæхи уацары радтой. Уæлдай иыфсхастдæрæй, знæгтæм уæлдай æгъатырдæрæй йæхи равдыста Выходцев. Æмæ ахæмæй уыдтой ротæйы коман- дир Выходцевы йе ’м’бæлттæ суанг кæронмæ дæр. Уыцы операцийы тыххæй æнæхъæн полк дæр райста Сæй- раг командæкæнынады арфæ. Фæлæ Хасанбеджы зæрдыл Череи лæууы ноджыдæр ма иу стыр цауы тыххæй. 4. ЗÆХХ ДÆР ХИОНЫ ÆФСАДЫ Фæстаг рæстæг полчы цыдæр гуырысхойаг цаутæ фæзынд. Дысон Хасанбеджы • батальоны иу къорд ацыд æфсæй- наг фæндаг халынмæ. Куыддæр адæм болтытæ здухыныл æрлæууыдысты, афтæ ’фæндаг æвиппайды ныррухс кодта тых- джын прожектор, партиз’антыл ’алырдыгæй, сыхырнайæ згъалæ- гау, ныккалдысты нæмгуытæ, Байсæфт къорд, æртæйæ ма дзы куыддæртæй раирвæз;гысты æмæ æрбахастой уыцы æнамонд хабар. ’ , ’ , „•• '\\Г* и Лагер уыцы бонæй’æн^ъй^ддæр иикуьГуыд — ахæм æбу- алгъы хъуыддаг батальонылУфыццаг хатт æрцыд. Раст зæг’йын хъæуы, къуыри размæ развед^æ дæр æнæнхъæлæджы æхсэзвы тарьг немыцæгтыл сæмбæлд,!'ёеппындæр сæм,; кæм не ’нхъæлмæ ’каст, ахæм ран\ Уæд дæр чыскл зиантæ не ’рцыд батальбныл, фæлæ’ дысон цас хъæбатыр адæм фæмард, уый бæрц иу бонмæ æпæхъæн полчы дæр никуы фесæфт. 150
«Гадзрахат? — нал куымдта Хасанбегæн йæ сæрæй уыцы хъуыды ратæрын.— Æнæмæнг. Фæлæ кæуыл гуырысхо кæна лæг, ацы адæмы рагæй куы зонын, тынг сыгъдæгзæрдæ мæм куы кæсынц, дызæрдыггаг мæм дзы куы ничи кæсы...» Куыдфæнды æмæ чифæнды уæд — батальоны цавæрдæр цъаммар дыдзæсгом адæймаг кæй фæзынд, уый бæрæг у. Фæлæ куыд дæсны æмбæхсы йе ’цæг цæсгом, куыд арæхстгай кæны йе ’лгъыстаг куыст! Æргом ныхас куыд хъуамæ рауадаид уый фæдыл батальо- иы — шпион фæкъæрцхъусдæр уыдаид, кæнæ та алыгъдаид. Адæм иууылдæр æмбæрстой, тæккæ тæссагдæр, тæккæ налатдæр’ знаг сæхи ’хсæн кæй ис, уый, æмæ ныр сæхæдæг сæ цæст дар-1 дзысты кæрæдзимæ, дард нал ацæудзæн уыцы фæидагыл — чи- фæнды дæр уæд. Уый фæстæ бирæ рæстæг рацыд, фæлæ ахæм æнæнхъæлæ- джы хабар нал æрцыд батальоныл. Уалынмæ Хасанбег цы бри- гады уыд, уыимæ баиу 16-æм смоленскаг бригад. Цалдæр боны фæстæ уый разведкæйæ дыууæйæ уацары бахаудтой фашист- тæм Оршайы. Бирæ хъизæмæрттæ. бирæ тухитæн нæ бафæрæз* той æмæ знæгтæн радзырдтой, цыдæриддæр зыдтой, уый. Æмæ та ногæй — бæллæх. Æхсæв боны ’рдæм фæкъул, аф- тæ Ганновы хъæды Садчиковы полчы штабыл алырдыгæй æр- тыхстысты гитлеронтæ, æнæ уынæрæй бынтои хæстæг æрбацы- дысты, стæй уæд зæхх ныррызт сæ сармадзанты нæмгуыты æмæ минæты рæмыгъдæй, хъустæ тыдтой пулеметты æмæ автоматты æнæрынцой къæр-къæрæй, нæмгуыты зæй ныккалд хъæдыл. Партизантæй бирæ баззад æнусмæ.хуысгæ уыцы ’хсæв. Æмæ та-иу ногæй, куы иу ран, куы иннæ ран партизанты пълантæ фæсыкк сты, кæд сæ-иу тынг лæмбынæг, тынг хорз ба- цæттæ кодтой, уæддæр. Чи зоны, цас бæллæхтæ ма æрцыдаид адæмы мастисджы- тыл, уыцы залиаг калмæн йæ тæккæ сæрыл куы нæ фæхæст уы- даиккой æмæ йæ куы нæ ныцъцъист кодтаиккой, уæд. Гъе, Черей дæр Хасанбеджы зæрдыл уæлдай тынгдæр уы-, мæн лфууыд. Хъæу фæстæмæ райсынмæ чи рафæдис кодта æмæ афтæмæй йæхæдæг дæр уацары чи бахауд, уыдонимæ разынд немыцаг Центрон фронты шпион куысты разамонæг Отто дæр.( Æвæццæгæн, ардæм дзæгъæлы нæ тагъд кодта: Черейы бирæ уыд сæ фарсхæцджытæ, уым цæттæ кодтой, партизантæм кæй æрвыстой, ахæм уæйгæнджыты. Ницæйаг удтæлхæнæг Оттомæ афтæ каст, уæдæ ныртæккæ партизанты адæрæн кæндзысты æмæ та хъуыддаг йæ гаччы сбаддзæн. Ныр уæртæ ныккука, цæстытæ доны разылдысты. Куыннæ дын схъæр кодтаид, чи уу уый, фæлæ йæ уæдмæ цæрджытæй чидæртæ базыдтой. Хабар. уайтагъд фехъусын кодтой Мæскуьшæ. Уырдыгæй" æхсæвы æрбатахт хæдтæхæг æмæ Оттойы аласта. Фæлæ йæ уæд- 181
мæ куы фарстой, уæд уайтагъддæр ралæхурдта гадзрахатæй- цæуджыты нæмттæ. Арц сбадтысты Ха’санбеджы сæры хъуынтæ, ’ Галя æмæ Валя, йæхи афтæ хæрзæгъдау, хъæбатырæй чи’вдыста, уыцы дыууæ чызджы сын бавзарын кодтой уый бæрц зынтæ, уыдоны аххосæй’бацарæфтыд сты утæппæт диссаджы адæм, зæгъгæ, куы фехъуыста, уæд. Чи цы агура, уый ссардзæн, ссардтой йæ уыцы чызджытæ дæр: партизанты цыбыр тæрхоны фæстæ сæ фехстой тæккæ уыцы бон. .•• Афтæ, адæмы æххуысæй Хасанбеджы разведкæ базыдта, кæй сæм фæзынд гестапойы агент Иван Гуляев. Æмæ та мæнæ боныджы кæсæм: 1943 азы Л7 сентябры Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæйцæуæг Иван Гуляев .æхст æрцыд. Уæрæхæй-уæрæхдæр кодта партизанты край. Фронт кæд ардыгæн скæсæны ’рдæм тынг ахæццæ, уæддæр, ам та бирæ рай- онгы хæсты азты дæргъы немыцаг салдаты къах никуы æрлæу- уыд. Сæ куыст кодтой обкомтæ, райкомтæ, хæусоветтæ. Райгуы- рæн бæстæйы раз йæ бæрнон хæс ничи рох кодта иу минут дæр, йæ бон цы уыд, уьгмæй архайдта уæлахизы бон æрбахæстæгдæр кæныныл. Партизанты æфсадмæ æрвыл бон дæр цыдысты, йæ бон ^хæцæнгарзимæ архайын кæмæндæриддæр уыд, уыдон иу- уылдæр. Иннæтæ кодтой зæххы куыст, хæлцхъуаг нæ уагътоп партизанты. у Уæдæ партизантæ дæр хæсджынæй нæ задысты. Æрмæс? иунæг бон бынæттон хъæуты цæрджытæн Хасанбеджы батальон байуæрста, немыцæгтæй кæй байста, ахæм 96 бричкæ æмæ 150 бæхы. Æмæ ахæм бонтæ иу æмæ дыууæ нæ уыдысты. Черейы нæхионтæ куы ’рфидар сты, уæд Хасанбег йæхи сарæзта Полоцкы ’рдæм, Ушачы районмæ. Уæгъдгонд æрцыды- сты хъæутæ Белый Двор, Царево, Кунцевичи. Æмæ та ногбар- дзырд: æрфидар утуым, хæс ис уый мидæг, цæмæй Ушачы рай- онмæ гитлеронтæн фæстæмæ фæндаг мауал байго’м уа. Зæгъьь нæн æнцон у уый. Фæлæ æнæ уæззау хæцæнгарз иунæг бата- льоп ахæм тыхджын æфсады ныхмæ кæдмæ фæраздзæн, цас йæ бон у? Куыд рабæрæг, афтæмæй тынг бирæ. Хасанбегæн йе стыр- дæр сгуыхтдзинæдтæй иу уыд, æвæццæгæи, ацы операци. Ам рабæрæг, зондджын, арæхстджын командир кæй у, ноджы стыр- дæр хъуыддæгтæ саразын йæ бон кæй у, уый. . Нæ та фæцыд ацы хатт дæр батальоны бирæты зæрдæмæ уыцы хæслæвæрд. Советон Æфсад æнтыстджынæй дæрæн кæны- фашистты, «æнæбасæтгæ» æрдонгтæ удаистæй лидзынц фæс- тæмæ. .!-•'■ л(' /’ — Партизантæ! — ауад Хасанбеджы хъустыл кæйдæр мæс- ты ныхас. — Уымæ ’рхаудзыстæм, уый куы зыдтайн, .уæд ам ла^ууыдтæн? — Цыфæндыйæ дæр фронты сæрты ахызтаин, пе 182
т2 искуы мард фæуыдаин. Партизантæ, — срæмыгъта та ногæй хмæ ату кодта. «Марадз æмæ ,гъеныр уыимæ дзур, — ахъуыды кодта Ха- санбег. — Ех, м’æ хæлар, мæхицæн.дæр мæ зæрдæ бæргæ судзы, къухтæ куыст домынц, фæлæ цы гæнæн ис!..» — Гъæйтт-гъæйтт, лæппутæ, тæрсгæ фæкодтат, уе уæнгтæ куы ’рхаудтой, — цыма ницы фехъуыста, йæхи афтæ скод- га Хасанбег, сæ размæ бацæугæйæ. — О, стыр тæссаг хæс нæм æрхаудта, фæлæ нын фыццаг хатт у исты? —Ай-ай, уымæй кадджындæр, хæс ма цы уа, фæныкгуызы - бадг кæн æмæ гуылтæ хъахъхъæн, — уыцы уæзбынæй та загъ- га ныхасгæнæг. — Кæс, кæс, æихъæл дæн, æм,æ хъуыддаг хорз нæма бамбæр- стаг, — фæурæдта йæ Хасанбег. — Ацы цъаммартæ фæстæмæ пыппæрвадыгæй лидзынц, уый зонут, нæ? Æмæ ма ахъуыды кæ- нут, знæт сырд рæгъауыл куы бафта, уæд ын цытæ бакæндзæн, ууыл. Мæнæ ацы хъæутæ мах куы ныууадзæм æмæ фашисттаз сæ фæндаг ауылты куы бакæной, уæд ма зæрондæй, сывæл- лонæй искæуыл бацауæрддзысты? Нæ къухты цъæрттæ нæ хæр- дзыстæм, цæй рæдыд фæкодтам, цæмæн рацыдыстæм уырдыгæй, зæгъгæ? — Гъемæ дзы æртæ хъæуы бахъахъхъæндзыстæм, иннæтæ та? — ныуулæфыд та чидæр. — Æртæ хъæуы мах, фæйнæ уыйасы — иннæтæ. Æрмæст Белоруссийы партизанты æфсады ис милуаны ’рдæг адæйма- джы. Уæдæ ма сæм нæ къах дæр иу æмæ дыууæ гæппгæнæны иæ фæцараздзыстæм, бирæ поездтæ ма фæхаудзæн хæрдмæ, бира? знæгты батæрдзысты мæрдтæм нæ нæмгуытæ. — Хасан- бег иу чысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй йæ ныхасыл баф- тыдта- — Гъе, æрмæст нæ бирæ куыстытæ бакæнын хъæуы, æмæ сыл куыд аххæсдзыстæм... — Уыйау æнцон куы уаиккой хъуыддæгтæ иууылдæр, — Уавбынæй та сдзырдта, раздæр мæсты чи кодта, уыцы партизан. — Куыд,- ома? Цæуыл афтæ тынг дæ зæрдæ дарыс? — Æмæ æдзух дæхæдæг куы дзурыс: адæм хорз сты, адæм нае нунæг никуы ныууадздзысты. ...Дыккаг’бон адæмимæ дзурын дæр нæ бахъуыд: зæрондæй- мысылæй, нæлгоимагæй, сылгоймагæй—■ иууылдæр æрбацыды- сты штабмæ æмæ^’.загътой: æриут куыст, бацамонут, кæм цы саразын хъæуы, укш. Партизанты тйхтæ кæрæдзийæ -фæхицæн кæнын æмæ сæ хицæн хæйттæй ныппырх кæнын — ’ахæм уыд немыцæгты пълан. Æмæуал фыццаг цæф — Хасанбеджы батальонæн. Уый рай- оныл ’йæхи ныццавта æнæхъæн полк. Æххуыс ын кодтой 2 ар- тиллерион дивизионы, 3 танчы, минометты 4 батарейы, уæззау 183
артиллерй, ’танкеткæтæ, бронемашинæтæ, бронепоезд. Æртæ боны дæргъы хæст нæ банцад. Æмæ цы? Немыцæгтæй фæмард’ 165, цæфтæ’ 188 салдат æмæ афицеры, басыгъд дыууæ танчы. Батальонæй фæхъуыд 10, 16 та цæфгæ фесты.’Знаджы ныббырст’ куыд тыхджын уыд, уымæн ма иу æвдисæн: сармадзанты нæм- гуытæй бынтон ныппырх сты æмæ басыгъдысты 18 дзоты, 9 та дзы хæлгæ фæкодта. Æмæ куыннæ: батальоны бынатыл æр- хаудта 2800 сармадзаны нæмыджы. Комкоммæ ныббырстæй куы ницы рауад, уæд немыцаг ко- мандæкæнынад сфæнд кодта партизантыл æртыхсын, тынгæй- тынгдæр сæ æлхъивын æмæ сæ æппынфæстаг ныцъцъист кæнын- Ацы район сæ тынг хъуыд — ауылты цыдысты ахсджиаг фæн- дæгтæ. Мæйы дæргъы Хасанбеджы батальон хъæбатыр æмæ арæхстджынæй карз тох фæкодта йæхицæй бирæ фылдæр æмæ тыхджындæр знагимæ æмæ йыл фæуæлахиз: уæлдæр хицауадьг бардзырдмæ гæсгæ атыдта’фашистты цæг æмæ та бынæттон цæрджыты æххуысæй баиу йæ полчимæ. 5. «ЧИ ЙÆМ БÆЛЛЫ, УЫЙ ДЗЫ БАСУДЗÆД> Хæствæллад батальон дзæбæх нæма æрбынат кодта, афта* хæстæгдæр станцæйы цæрджытæй чидæр фæхабар кодта, дыууæ сахаты .фæстæ станцæйыл æрбацæудзæн эшелон, зæгъгæ. «Цы ’рбацæуа, уый а-лæппутæ фендзысты, — бахудт йæ мидбылты Хасанбег. Йæхимæ фæдзырдта разведчик æмæ минæ- тæаразæг Пантелеевмæ, стæй ма ноджыдæр 15 тæккæ ныфс- хастдæр, фæразондæр партизанмæ. Къорд кæдæм цæуы, уый иннæтæ куы базыдтой, уæд æнæхъæн батальон ,дæр базмæлыд. мах дæр цæуæм, зæгъгæ. Уыцы ’хсæв Полоцкæй Молодечнойы ’хеæн фæндагæй хæлд æрцыд дыууæ километры æмæ йæ парти- зантæ суанг кæронмæ дæр аразын нал бауагътой, уыцы фæнда- гыл иу эшелон дæр нал’ацыд. > Афтæ батальон райдыдта «рельсон хæст». Уый уыд ныр- тæккæ сæйрагдæр: Сырх Æфсад дæрæн кодта лæбурджыты æр- донгты. Уыдоны размæ æрлæууын, лидзыны фадат сын ма дæт- тынæй ахсджиагдæр хæс нæ уыд партизантæн. Кæсæм та боныг. Ма*нæ:иу ран батальон срæмыгъта зна- джы эшелон. Фæмард 200 с’алдат æмæ афицеры. Иннæ ран бы~ лæй атахтысты 32 вагоны æмæ сæ быны фæкодтой 282 гитле- роны, æртыккаг раи фæндагæй асхъиудтой 20 платформæйы",— 10 автомашинæйы, 7 танчы аулæ 16 сармадзанимæ. Фæмард-; '17, Фæцæф 23 немыцаджы. Æмае афтæ—алы 5—6 боны дæр/йæнæ- ноджы арæхдæр. ^; • .' ...Æнæферохгæнгæ у уыцы амондджын бон. 194'4 азы 2-æм июлы партизантæ баиу сты намысджын Сырх Æфсадимæ. Дык-, каг Белоруссаг фронты æфсæддон хæйттæ æнæрынцойæ бырс- 184
той размæ, иу ран дæр фæфидар кæнын нал уагътойнемыцаг æф: сады. Куыст та, ссардтой сæхицæн партизантæ дæр: арæзтой, амæйразмæ сæхæдæг кæй фехæлдтой, уыцы хидтæ, æфсæйнаг фæндæгтæ, æмæ уымæй æххуыс кодтой фронтмæ хæцæнгæрзтæ, техникæ, æфсæддонтæ æмæ хойраджы продукттæ æнæкъуылым- пыйæ æппарынæн. ’ . . - Уæдмæ фронты Хæстон Совет лæмбынæг базонгæ партизан- ты намысы хъуыддæгтимæ. Иу бон фроиты штабмæ бахуыдтой партизанты къорд, стыр арфæтæ сын фæкодтой, бирæ фæныхасг- кодтой семæ. — Уый фæстæ мæм ногæй фæдзырдтой, — дзырдта Хасан-' » бег æмæ мæ разы æрæвæрдта цавæрдæр гæххæтт. Кæсын æй. «Хпстæр лейтенант Бызыккаты Кафары фырт Хасанбег кусы Белоруссийы’ ССР-йы Адæмон Комиссарты Советы оперативон къорды æмæ æххæст кæны хицауадон хæслæвæрдтæ 2-æм Бело- руссаг фронты территорийыл... Æфсæддон Хæстон Советтæ, иугæндты æмæ хайадты коман- днртæ хъуамæ алцæмæй дæр æххуыс кæной, цы хæс ыл æвæрд ис, уый æххæст кæнынæн». Документы бын — къухфыст: «2-æм Белоруссаг фронты æфсæдты комаидæгæнæг Советон Цæдисы Маршал Рокоссов- ский». — Раст дын куы зæгъон, уæд ахæм сты’р æууæнчы аккаг нæ хуыдтон мæхи, — æфсæрмыгæнæгау загъта Хасанбег. —} Мемæ цыхуызæн’ хъæбатыртæ уыд, цыхуызæн сæрæн гуырдтæ уыд мæ алыварс... Кутченко, Бобров; Дредун, Стрелков, Макси- мов, æппæт бригадæн дæр уарзон æмбал æмæ хæлар хирург Анатолий Свистуненко... Кæцыфæндыйы дæр райс æмæ — уæйыг... Цал’дæр фæлтæрæны скодтон, алыхуызты архайдтон, Ха- санбег йæхи тыххæй бæлвырддæр исты куы радзурид, ууылу фæлæ та-иу мын мæ ныхас иннæрдæм аздæхта. — Мæнæ дæ бонæджы ис «операция Белый Двор»,— зæгъ- гæ, — дардæй та райдыдтон æз. — Стыр бæллæхтæ бакодтат немыцйегтæн. Хæрзаг бирæ хæрзиуджытæ æрхаудта дæ баталь- онмæ? — Æвиппайды нæ. Уыцы операцийы кой байхъуыст Мæс- куымæ æмæ нæм сæйраг штабæй сæрмагонд хæдтæхæгыл æр- • батахт æмбалГ’.Бардадин — уæлдæр хицауады бæлвырдд,æр: базонын фæнды хабар. Æз куыд бамбæрстон, афтæм-æй с’æ тынг нæ бауырныдта, ахæм: хъуыддаг рауадаид, уый. Нæй, уæддæр>та не ской кодта, уыцы стыр лæгдзинады тыххæй йын Сырх Тырысайы орден радтой, уый. Гæнæн нал. уыд, æмæ’йын бамбарын кодтон,- хæстон характернстикæ дæм уыдзæн, йæ фенын мæ фæнды,4 зæгъгæ. Хасанбег стъолы лагъз бакодта, гæххæттыты ’хсæн аца- гуырдта æмæ дзы систа иу сыф, æрбадардта мæм æй æнæ 385
.дзургæйæ. Æз æркæсын гæххæтмæ æмæ та нал фæлæууын, мæ цæстытæ авæрын Хасанбегыл. Уый æцæг уæйыг куы дæ, аецæг уæйыг! Садчиковы полкмæ куы бахауд, æрмæст; уымæй фæстæ-> мæ Хасанбег архайдта 52 тæссаг операцийы; йæхæдæг афæл- дæхта дыууæ эшелоны салдæттæ æмæ, техникæимæ, йæхи къу- хæй амардта 45 гитлероны, фæцæф кодта 33,< æрбакодта æр- тæ «æвзаджы», срæмыгъта фондз автомашинæйы, басыгъта æртæ хиды. — Бирæйы дзы афæндараст кодтай фаллаг фарсмæ, — нал баурæдтон мæхи. Хасанбег арф ныуулæфыд, исдугмæ æдзынæг рудзынгмæ ныккаст, стæй æрæджиау сдзырдта: — Цы гæнæн уыдис — кæнæ ды уыдоны, кæнæ .уыдон дæу. Хæцаг галæн йæ сыкъа сæтты — мæнгæй нæ фæзæгъынц адæм, — æмæ йæ мидбылты фæлмæн бахудт. — Бауырнæд дæ, кæд хæсты размæ æз искуы карчы тæригъæды дæр бацыдтæн. Кæсын дарддæр, батальон Хасанбеджы разамындæй цы- тæ бакодта, уый. Кæсын, фæлæ мын.размæ ницы æнтысы: алы нымæц дæр мæ дмсы æфтауы. — Мæнæй дзы бирæ фылдæр кæмæн бантыст, ахæмтæ æрмæст нæхи батальоны дæр чысыл нæ уыд. Гъе, уыдоны ал- кæйы «хайæ» рауад дæ разы ахæм иумæйаг «лæвар» нæ цы- фыддæр знагæн, — æмæ ацамыдта характеристикæмæ. Нæ, æвзæр «лæвар» нæ бакодтой Хасанбег æмæ йе ’мбæлт- тæ} мæй — дыууæ мæймæ нæ * апирынмæ чи хъавыд, уыцы æнæбон хъалтæн. Батальонæн командир Хасанбег куы ссис, уæдæй фæстæмæ амардта 1701, фæцæф кодта 1183 æмæ уаца- рыфайста 120 салдат æмæ афицеры. Уæдæ цы 24 эшелоны срæмыгьта, уыдоны бын мæлæт цал знаджы ссардта, уымæн та банымайæн нæ уыд. Бæлвырд у æрмæстдæр иу хъуыддаг: дзæвгар дзы байсæфт. Бирæ хидтæ, вагæттæ, скъладтæ, рель- сытæ, танктæ, сармадзантæ, минометтæ æмæ æндæр техникæ, алыхуызон хæцæнгæрзтæ фæхъуыд фашисттæй. ..Лынг бауарзта .Хасанбег Белоруссы, йæ " хæрзæгъдау, сыгъдæгзчэрдæ, уазæгуарзон æмæ бонзонгæ адæмы. Хæст куы фæцис æмæ Хасанбег æфсадæй куы рацыд, уæд æй бафæндыд йæ хæлæртты бабæрæг кæнын, кæмыты хæцыд, уыцы бынæт- тыл азилын. Æмæ йæ йæ къах нал рахаста уырдыгæй, баз- зад уым кусгæ, йæ бирæ хæлæрттимæ, йæ уарзон æмбæлтти; мæ та æвæллайгæ тохы бацыд хæлд хæдзарад аразыныл, бирæ фыдмитæ бавзарæг зæххы хъæдгæмттæ дзæбæх кæньг ныл. »'ф> ’^ ,;'; Тынг бауарзын кодта Хасанбег йæхи дæр, Белоруссийы иæ чидæриддæр зыдта, уыдонæн. Йæ райгуырæн Ирыстоны ныр æстдæс азы цæры, фæлæ йæм цас æмæ цас писмотæ цæ- уы Белоруссийæ! Фыссыпц æм йæ хæстон æмбæлттæ, сæ ахуыр 186
^мæ царды тыххæи хъусын кæнынц, йæ кой сын хистæртæй <а*мæн фæкæнынц, уыцы скъоладзаутæ. Хъæуы исты ногдзи- над фæзына, цины кæнæ зианы хъуыддаг æрцæуа — æнæмæнг Аехъусын кæндзысты сæ уарзон хæлар Хасанбегæн. Æмæ алы хатт дæр, писмо бакæсгæйæ, Хасанбег райсы й’æ хаелæртты хуызистытæ. Бирæ сæм фæкæсы. Чи зоны, кæ- д^м æй ахæссынц йæ хъуыдытæ, цы йын йæ зæрдыл æрлæу- уык кæнынц йе ’мтохгæнджыты сурæттæ. Пуахæмы йæ гыццыл чызг схызт Хасанбеджы уæрджы- т#м, бирæ фæкаст къаммæ, стæй афарста йæ фыды: — Папæ, хæст ма куы уа, уæддæр та партизан уыдзынæ? — Нæ, мæ хур, хæст нал уыдзæн, хæст хорз хъуыддаг нæу, ___- рх’вдауæгау загъта æрæджиау. — Цу æмæ уæртæ конструк- тор *фцæттæ кæн æмæ дзы мах ныртæккæ уæзисæн кран са- раз-^м. Æмæ та исдугмæ йæ фæдыл æдзына^г кæсгæйæ аззад. — Хæсты чи уыд. бирæ туг чи федта, уыдонæн сæ зæр- д;,-.,Р ныддур сты, зæгъгæ, иуæй-иутæ афтæ хъуыды кæнынц, — :азет йæ къухмæ райсгæйæ, дзырдта Хасанбег. — Нæ, тынг рæдыд хъуыды у уый. Бауырнæд дæ, мæнæ газеты куы бакæсын, кæмдæр æнаххос адæмы .удхарæй марынц, адæйма- джы пардæй цæрын сæ фæнды, æрмæстдæр уый тыххæй, зæгъгæ, уæд мæ зæрдæ суынгæг вæййы. Ау, иу иннæмæн хæ- ра-джы куыст цæмæн кæна, йæ тугвæллой кæйдæр æнæфсис уæиъæфы цæмæн кала, йæхæдæг сыдæй мæлгæйæ? Арæби, уæда» хæстыты пиллон арты зыкг кæуыл нæ сæмбæлд, ахæм куы ничиуал баззад, уæд сахуыр афон нæма у æнæ туг калы- нæгР Нæ, уæддæр акæс, æмæ та загъдкъахæн кæнынц. Хасанбег сыстад, уаты иннæ къулмæ бацыд. — Æмæ æниу загъдкъахæг та фæндараст кæд фæцис? — бафтыдта ма йæ хъуыдыйыл. — Мыст къахта æмæ йæхицæн • æдыйы сæр, зæгьгæ, дзæгъæлы фæзæгъынц? Чи йæм бæллы алМ;г. йæ чи æндзары, уымæн уыцы арты йæ ,сæр басудзæд, й^хицæй дарддæр цалынмæ нæ ахæццæ уа, уæдмæ. Æгас уæвгæйæ, йæ марды хабар кæмæн райхъуыса, уы л,"ки амæлæн нæй, — афтæ зæгъы ирон æмбисонд. Æвæццæ- г^н, уыцы æмбисонд адæммæ равзæрд Хасанбеджы хуызæн Л1>^батыр, ныфсхаст, лæгдзинадæй æххæст,г Райгуырæн бæс- Т;>'йьсл æнæкæрон ,иузæрдион сахъгуырдтæм гæсгæ. а
Муриты Дадо ПАРТИЗАН-РАЗВЕДЧИК рытъиаты Хаджи райгуырд Цæгат Ирыстоны Суададжы хъæуы, уыд Ростовы горæты Россельмашы заводьг сЛ’есар-инструменталыцик, ахуыр кодта Мæскуыйы К. А. Тими- рязевы номыл Академийы рабфачы, уый фæстæ та уыд Восто- коведенийы институты студент. Каст æй фæцис 1938 азы. Стыр Фыдыбæстæйон хæст æй æрæййæфта æддагон бæстæтимæ ба- зарады Министрады кусгæйæ, уыд техникон экспорты хистæр консультант. Уыцы куыст иттæг цыдис Хаджийы зæрдæмæ æмæ фæнд кодта дарддæр йæ зонындзинæдтæ фæарфдæр æмæ фæпа- рахатдæр кæнын. Фæлæ хæст бахъыгдардта Хаджийы фæндта\ барвæндонæй ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Æфсады службæ кæнгæйæ уæззау æмæ тæссаг фæндæг- тыл фæцыдис Брытъиаты Хаджи хæсты райдианæй суанг дæр уæлахизы бонмæ. Йæ тох, йæ архайд фылдæр уыд знаджы фæсчъылдымы. Куы-иу ахызтис фронты сæрты æмæ-иу \архайд- та немыцаг-фашистон æфсæдты танкон фæсчъылдымы, куы та-иу хæдтæхæгыл атахт æмæ-иу рахызтис знаджы арф фæс- чъылдымы. Æмæ алы ран дæр, кæмдæриддæр архайдта Бры- 188
иаты Хаджи, гæнæн ис æмæ йын радтæуа хæрз цыбыр ха- рактеристикæ: разведкæ æмæ диверси. Разведкæ æмæ диверси фоонты командæкæнынады пайдайæн, Сырх Æфсады Генера- тон штабы интересты тыххæй. Уыцы карз æмæ уæззау бонты Сырх Æфсад тымбыл код- та сомбоны уæлахизы тохтæн фидар, хъомысджын тыхтæ. Партийы æрсидтмæ гæсгæ знаджы фæсчъылдымы фæзынды- сТы пзртизанты къордтæ. Партизантæ-иу дæрæн кодтой зиа- д>кы коммуникацитæ, пырх кодтой, гитлеронтæ æфсæнвæндæг- тыл фронтмæ цы хæстон хотыхтæ æмæ хæлцадон продукттæ яфвыстой, уыдон. Сыгътой æмæ пырх кодтой знаджы гарни- зонты. Партизантæ æппæт, цæмæйдæриддæр сæ бон уыд, сæ архайдæй æххуыс кодтой Сырх Æфсадæн фыдгул знаджы дзæмбытæй советон зæххы тагъддæр ссæрибар кæныны хъуыд- даджы. Сырх Æфсадæн æххуысы сæйрагдæр архайдтыты хуызтæй пу уыд разведкæ. Знаг цьь зæххытæ соккупаци кодта, уыцы тсрриторийыл арæзт æрцыдысты разведкæгæнæг органнзаци- гæ. Уыцы организацитæ сæ хъус дардтой фронтмæ цæуæг, кæ- пæ, иу ранæй æинæ ранмæ йæ бынат ивæг знаджы æфсæддон хæйттæм, хæстон фæсауæрцтæ цас æмæ кæцы рæттæм æр- выст цæуынц, уымæ. Баирвæзтысты æмæ-иу сусæгæй архайд- топ знаджы гарнизонтæ æмæ вермахты фæсчъылдымы штаб- ты. Ахæм разведкæгæнæг организацитæй сæ иуы æфсæддон къамисарæй хæсты райдианы нысангонд æрцыдис Брытъиаты Хаджи дæр. Иван Бережной йæ чиныг «Разведчикы фыстытæ», зæгъгæ, \ъ;м автор дзуры,< Брытъиаты Хаджийыл куыд сымбæлдис, уый тыххæй: «Уатмæ куы. бахызтыстæм, уæд нын æгас цыт, зæгъгæ, зæгъынмæ фынджы фарсæй сыстад асæй рæстæмбис капитан, сатæгсау цыбырæлвыд сæры хъуынтимæ. Бæзджын лыууæ ’рфыджы, цæргæсы базыртау, сæхиуыл хæрдмæ схæцы- дысты.æмæ стæхынæввонг уыдысты. Уый капитаны цæсго- ма»н лæвæрдта бæгъатыр æнгæс. Дзырдта кавказаг акцентæй. Качшæ-иу ныхас кодта, уымæн-иу комкоммæ касти йæ цæс- тытæм, "цыма-иу, ныхас кæимæ кодта, уымæн йæ зæрдæмæ ^ыккæсынмæ хъавыд, уыйау. Уый уыд къамисар Брытъиайы фырт».1 , > ; Уый у Хаджийы æддаг бакасты характеристикæ, фæлæ Брытъиайы фыр^т,;, куыд разведкæгæнæг.къорды къамисар, уый тыххæй уæлдæр\цы чиныдл^ы кой ракодтам, уым фыст ис: «Къамисар Брытъиайы фырт уыд, къорд иттæг тынг кæй уарзта аэмæ стыр.аргъ кæ’^æн кодта, ахæм. адæймаг. Уымæ уынаффæ- -Ма? канд салдæттæ^нæ, фæлæ цыдысты афицертæ дæр. Иутæн- лу ныфсытæ æвæрдта, иннæтæн-иу пæ ныхæсты рæстдзинад 1 И. Бережной. Разведчикы ^ыстытæ, 15 фарс. 189
бауырнын кодта. аннæтæн æххуыс кодта ныхас æмæ хъуыд: дагæй. Уый зыдта, йæ дæлбар чи уыд, ’уыдон хæстон архайд- тыты миниуджытæ, зыдта сын, æгæрстæмæй, сæ бинонты уа^ вæртæ дæр, сæ зæрдæты уаг æмæ сæ фæндиæгтæ. Арæх-иу Хаджи фыста хъарм, зæрдæфидаргæнæн фыстæджытæ, тохы- иу чи басгуыхт, уыцы салдæтты бинонтæм. Æниу цы фыстæ- джытæ фыста, уыдонæй хъармдæр æмæ бузныгдæр фыста)- джытæ иста йæхæдæг йæ салдæтты бинонтæй». Брытъиаты Хаджи уыд канд зæрдæхæлар, аудæг политн* кон кусæг нæ, фæлæ хъæбатыр разведчик дæр. Иу хатт, уык та уыд мин фараст сæдæ цыппор ’фыццæгæм азы ноябры мæ- йы, гитлеронтæ стыр хæстон тыхтæ æрбакалдтой Мæскуы, Ту- ла æмæ Курскы здæхты ’рдæм. Нæ командæкæнынады хъуыд цыфæнды амалæй дæр знаджы фæндтæ æмæ пълантæ базо- нын. Уыцы рæстæджы Сумскы областы Курскы ’рдæм здæхты фæндæгты контроль кодтой разведкæгæнджыты сæрмагонд къорд. Уыцы къорды къамисар уыд Брытъиайы фырт. Развед- кæгæнджыты радиостанцæтæ æхсæвæй-бонæй Мæскуымæ æмæ Брянскы фронты штабмæ лæвæрдтой ахсджиаг зонæнтæ зна- джы æфсæдты архайдтыты тыххæй. Иу рæстæджы разведкæ- гæнджытæ бафиппайдтой, Курскы ’рдæм фæндагыл рог маши- нæ кæй фæцæуы, уый. Уыцы машинæйы фæдыл та цыд æн- дæр — штабы автомобиль. Цæхæрцæст разведкæгæнджытæ æнæбафиппайгæ нæ фесты, уыцы машинæты фæдыл кæй цæ1 уынц автоматтæй хотыхджын немыцаг мотоциклисттæ. Знæг- тыл æнæнхъæлæджы хи ныццæвыны тыххæй тæрхон райст æр- цыд. Цалынмæ машинæтæ хъæдмæ баввахс сты, уæдмæ бан- хъæлмæ кастысты, стæй разведчиктæ гранаттæй фехæлдтой знаджы машйнæты, мотоциклистты та автоматты зынгæй фæ- уын кодтой. Куыд рабæрæг ис, афтæмæй уыцы машинæты бад- тис æртындæс немыцаг афицеры иттæ1 ахсджиаг документтчз æмæ картæтимæ. Уыцы документты уадидæгæн сымбæлын код- той Брянскы фронты штабыл. Уыцы документтæ афтæ ахс- джиаг æмæ зынаргъ кæй уыдысты, уый та бæрæг уыд уымæй, æмæ цалдæр боиы фæстæ Советон Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы Указмæ гæсгæ Брытъиаты Хаджи Сырх Тырыса- йы орденæй хорзæхджын кæй æрцыд. Иу мин фараст сæдæ цыппор дыккæгæм азы декабры маг йы Хаджимæ фæсидтысты Мæскуымæ, æмæ мин фараст сæдæ цыппор æртыккæгæм азы январы мæйы æрвыст æрцыд знадж’ы арф фæсчъылдыммæ Белоруссийы хъæдтæм. Ам, Белоруссийы’ зæххыл Брытъиаты Хаджи<;нысан æрцыд/.'Советон Цæдйсы Хъæбатыр Иван Черный кæмæн командæ кодта, знаджы фæс- чъылдымы архайæг уыцы стырдæр æмæ хъомысджындæр’’пар- , тизанон баиугæндтæй сæ иуьгкомандиры хæдивæгæй. Иван Чер- 1 1 И. Бережной. Разведчикы фыстытæ, 17 фарс. 190
ный хæсты фæстæ Белоруссийы зæххыл советон партизанты ар- хайдтыты фæдыл ныффыста йæ мысинæгты чиныг «Факттæ раст сты», зæгъгæ. Уыцы чиныджы номдзыд партизанты раздзог Иван Черный бирæ хъарм ныхæстæ зæгъы не ’мбæста- джы тыххæй, уæлдай тынгдæр та дзуры Брытъиаты Хаджийы хъæбатырдзинад, зондджын æмæ æнæбасæттондзинады фæ- дыл. Уыцы партизанты стыр баиугæнды разведкæгæнæг къор- ды командир ,уыд..Хаджи. Бирæ æгъуыстаджы хъæбатырдзи- нæдтæ равдыста Хаджи йæ разведкæгæнæг къордимæ. Цас æмæцас ахсджиаг зонæнтæ ралæвæрдта Мæскуымæ, цал æмæ цал хатты.стахтысты уæлдæфы фыдгул знæгты хæстон.æрмæ- джыты æфтауцдæттæ æмæ эшелонтæ, цал гитлерон салдат æмæ афицеры барвыстой ингæнмæ. Æппæт уыдон зын баны- майæн сты, йæ хъæбатырдзинады тыххæй Брытъиаты Хаджи дыккаг хатт хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орденæй. Бæрæг куыд у, афтæмæй цыппор цыппæрæм азы Сырх Æфсады къухты бафтыдис ног историон уæлахиздзинæдтæ. Фронты хахх цыдис Ныгуылæны ’рдæм. Иван Черныйы æмæ Брытъиаты Хаджийы партизанты къордтæ бардзырд райстой, цстмæй Польшæйы паддзахадон арæнæй ахизой æмæ баххуыс кæной æфсымæрон Полыпæйы -адæмæн немыцаг оккупанттæн фервæзыны хъуыддаджы. Æмæ Брытъиайы фырт фæс Бре- стæй ахызт Буджы районы Влодавсковы хъæдтæм. Польшæйы зæххыл партизанон къордты сорганизаци кæныны æмæ иумиаг знаджы ныхмæ активон тохты тыххæй Брытъиаты Хаджи æр- тыккаг хатт хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орденæй. Уымæй уæлдай ма хорзæхджын у Польшæйы адæмы паддза- хадон дыууæ хорзæхæй. Ссæдз азы фæстæ, Польшæйы адæм нысан кодта Уæлахи- зы бон. Советон делегацийы хæсты ветеранты сконды Поль- шæмæ ацыд Брытъиаты Хаджи дæр. Хæсты быдыры нæ тугæн чи бахсыст, уыцы хæлардзинад сбæлвырд æрцыд-немыцаг окку- пацийы рæстæджы æвирхъау, уа^ззау бонты. Брытъиайы фыр- ты адресыл лæвæрдтой уыцы бонты раздæры партизаны фыс- та^.г Польшæйы радиойæ. «— Мах уæ бауарзтам куыд нæ хæ- лар, куыд не ’фсымæр. Никуы уæ ферох кæндзыстæм, нæ зы- чаргъ Хаджи, нæ ферох кæндзыстæм партизанты къорды д^р хъæбатыр тохтæ, де ’ххуыс æмæ дæ фæлмæн зæрдæ»... * * * • • «Брытъиатьг’-Хаджи хæсты фæстæ уайтагъд запасы ацыд. Цы ахуырдзинад* райста, уымæ гæсгæ, у инженер. Йæ характер, раздæрау, чнæ аивт’а", баззад ахæм хæларзæрдæ, цыргъзонд æмæ Цардбаеллонæй»-.1 \, ( ■'( • 1 Н. И. Черный. «Зонæнтæ раст сты». Воениздат, 1968 аз, 316. ф. *
Фæрныаты Дзибуш КЪУСДЖЫТАГ ЛÆППУ 1цы лæгмæ фыццаг бакастæй, фыццаг фембæлдæй ца?мæ бабæллай, цæмæ батæхуды кæнай, ахæмæй йæм ницы ис. Адæмы æхсæн лæджы цæст кæуыл схæца, ахæм дæр нæу. Хуымæтæг адæймаг. Хæрз аслам сау хъуымацæй йæ дарæс. Уæззау цырыхъхъытæ. Рахиз къухы кæддæриддæр лæдзæг — æмбал. ’ ■ ’ ..»■.. I» ’ ’» • ;:' ,{к • Фамæ йæ хæстæгмæ куы базонай, куы йыи бамбарай йа^ лæджыхъæд, йæ зæрдæйы ахаст, йæ царды фæндаг, уæд дисы бафтдзынæ. Кæцæй йæм сæвзæрд уыйбæрц хъару æмæ æмбар- гæдзинад. Сухтæйы хъæуы,;;'.«Хæлардзинады» колхозы цæры Гаглойты Димитр. Кæддæр æй йæ фыд Нестъор фырбуцæнМи- тъуш дæр хуыдта. Къахдзæф кæнæм Гаглойы фырты царды асины къæпхæнтыл. # 1941 аз... Сæхицæй йæ— Къусджытæй Цхинвалмæ саргъы бæхыл арвыстой^ хор æлхæнынмæ. Иæ хæстæджытæм бахсæ- виуат кодта. Райсом хуыцаубон у, базары бон. Хор балхæн- 192
дзæл æмæ йæ фæрныг хæдзармæ бафардæг уыдзæн. Бинонтз» йæм æнхъæлмæ кæсынц. Адæймаджы фæндтæ, хъуыдытæ... хатгай йыл зыгъуыммæ разилынц. Хуры скастыл радио хъу- сын кæны уæззау хабар. Фашистон абырджытæ ныббырстой нæ зæхмæ. .Фыдыбæстæ бахауд тасы уавæры. Куыд æппæт советон адæм, афтæ Гаглойты Димитр дæр бамбæрста: уæззау хъуыддаг, бæллæхы бон нæ фæсхъус кæй яфлæууыди, уцй. Базæртты дзæгъæлы рауай-бауайтæ нал уыд. Райгуырæн бæстæ сиды йæ хъæбултæм, цæмæй йæ бахъахъ- „хъæной сау рынæй, немыцаг тугдзыхтæй. Димитр фæстæмæ дæр нал фæкаст. Йæ бæхыл абадт æмæ уыцы бон Къусджы- ты, сæ хæдзары балæууыд. Адæм базмæлыдысты. Дзауы æфсæддон къамисариатæй сæм спдæн гæххæтт арвыстой. Хæстмæ цæуын хъæуы... Къусджы- ты, Уанелы, Ципраны, Тлийы, Цъалагомы разагъта сагсур фæсивæд æзхуыздæрæй тохы быдырмæ анкъуыстысты. Ди- митры койгæнæг дзы нæ уыд. Нæ йæм сидтысты, йæ рад нæма æрхæццæ. Æихъæлмæ кæсы иу бон, дыууæ... Къуыри... Нæй, мæсты кæны. Ау, уый та куыд, йæ æмгæрттæй хъауджыдæр цы кодта? Тохы заманы фæстейæ фæныкгуызæй баззайа? Кæд фæнды ирон лæджы афтæмæй. Адæмы фыддæр у. Фæдисы къуыбылой куы тулы. Гаглойы фырт хордзены фæндаггæгтæ авæрдта. Ие ’ккойы йæ баппæрста æмæ Дзауы æфсæддон къа- мисары раз балæууыд. — Мæнмæ цæй тыххæй нæ фæдзырдтат хæстмæ? — фæр- сы тызмæгæй къамиссары. — Фаг уал сты, кæй арвыстам, уыдон, — дзуапп ын рад- 1а хицау. — Нæй, мæн дæр арвитут, æз искæмæй фæстæзад, æгуы- дзазгдæр дæн? — ныкъкъæйных Димитр. — Фæстейæ дæр ма дзы хъуамæ исчи уа, ам дæр хъæуы адæмы сæр... Гаглойы фырт цæхгæр ныллæууыд, йæ фæнд атардта. Зыдта йæ, зын дзы кæй уыдзæн, хæст хæст кæй у. Гуг дзы кæй кæлы. Бархийæ ацыд тохы быдырмæ. Райдыдта салдаты уæззау фæндаг. Сæрды, 1941 азы, Гитлер Хуссарæрдыгæй бацахсынмæ хъавыд нæ сыхаг паддзахад Ираны зæхх æмæ уырдыгæй хъуа- мæ бырсын райдыдтаид Фæскавказмæ. Сырх Æфсады бахъуыд паз хуссар арæнтæ знагæй бахъахъхъæнын. Не ’фсæдтæ мин- гай километртæ , ацыдысты хæстон стæры. Ацы ран хъазуатæ^ архайдта Димитр.Цæуын хъуыди фистæгæй Ленкорань, Джуль- фа, Ираны тыгъд,\ сыгъд æмæ уырыд быдырты. Æнæхъуаджы æнтæф... ^, , ,, ’ Ком хус кодта, цалдæргай< ёонтæ дон баназынмæ койæн Дæр.^нæ уыд. Боныгон тæвд, сулæфæн нæ уыд. Æхсæв та-иу бæстæ уазалæй тъæнджытæ хаудта. Димитры хуызæн хæстон- та? кадимæ сæххæст кодтой сæ хæс. Ираны зæхмæ не ’рба- 13* 193
уагътой тыхгæнæджы. Димитр рапорт рапорты фæстæ лæ- вæрдта командиртæм, цæмæй йæ ауагътаиккой Германьг фронтмæ. 1942 азы немыцаг лæбурджытæ æрбахæццæ сты Кавказы хæхты рæбынтæм. Бырстой Кавказы æнусон цъитиджын бæр- зæндтæм. Гаглойы фырт йæ риуæй. йæ тугæй хъахъхъæдта райгуырæн Кавказ. Иу æмæ дыууæ хатты нæ ассæста ’знаджы цæхæр æмæ пиллои арты сæрты... Сванеты кæмтты æмæ тар хъæдты, Клухоры, Санчары, Марухы сæрсæфæн цъæх айнæл æфцджытыл... Сентябры мæй Марухы æфцæгыл бацайдагъ карз хæстытæ. Немыц бацахстой хæхты тигътыл бæрзонд æр- бадæнтæ. Иу къæдзæхы фæстæ æрбынат кодтой фашистон снайпертæ æмæ пулеметчиктæ. Æнæрынцойæ æхстой уæлейæ дæлæмæ, бынмæ. Цалдæр боны дæргъы сырхæфсæддон хайæн тынг зын уыд размæ аггуырсын. Фашисттæ сæ сæ зынгæй зæх- мæ нылхъывтой. Махуæтты бацæуæнтæ, фæндæгтæ сæм, армы- тъæпæнмæ кæсæгау, зындысты. Уæдæ куыд? Иу райсом Мару- хы бæрзæндтыл мигъ æрбадт. — Диссаджы рæстæг, сæ тæк- кæ бынмæ бабырæм. Нæ нæ фендзысты. Стæй нæ лæджыгъæд æмæ нæхæдæг! — загъта Гаглойы фырт йæ командир Бали- кор&зн. Лæсынц сæ гуыбыпы цъæрттыл. Знаг дзæгъæлы, тæрсæгг æхст кæны". Фæлæ мигъæй иицы уыны. Сæ тæккæ р’азмæ, къæ- дзæхы бынмæ бабырыдысты. Уæдмæ мигъ фæфæйлыдта. Хур рарттывта. Димитр æмæ Баликов фæндзгай гранаттæ кæрæ- дзиуыл бабастой æмæ сæ тыхгæнджыты фидарыл æмæхст фæкодтой. Гуыпп... Гуыпп... Ныннæрыд... Пулеметчиктæ æмæ снайпертæ къабазгай уæлдæфы хæрдмæ фæхаудтой. Уыцы бон Сырх Æфсады хай ахызти æфцæгыл... Димитр архайдта туг- калæн хæстыты Кубаны, Краснодары быдырты... 1943 аз. Сæрд. Гаглойы фырт Белгороды районы уæззау тохты. Ирон лæппу хъазуатæй дæрæн кодта немыцы Белгоро- ды фронты йæ синтæ уæззау цæф фесты. Госпиталы йæ сдзæ- бæх кодтой. Ногæй та фронт. 1944 аз. Фæззæг. Скæсæн Прус- си. Къусджытаг лæппу хайад иста Кенигсбергы фидæрттæ ныс- сæттыныл тохы. Кенигсбергы ногæй фыдцæфтæ фæци. Нып~ пырх сты йæ галиу уæраг æмæ йæ галиу цонг. Цæфтæй, цæн- куылтæй ма æнæбары æрыздæхти йæ фыдæлты уæзæгмæ. Æмæ та ногæй стыр фыдтæ, уынгæджы бонтæ йæ фæллад. сæрыл æртыхстысты. Иæ цæф къабаз ма чысыл æвæрд уыд, афтæ скъуыйын райдыдтой йæ бинонтæ. Хуыцау йæ дæсны, цæмæн афтæ дурзæрдæ разынди цард... /, Уыцы иу рæстæгыл амардысты йæ мад, йæ фыд,- йæ/ТС* стæй ноджыдæр цыппар сывæллоны. Хæдзары рынчынæйДзы- быты иунæгæй баззад æртæ æнахъом сабиимæ. Царды’æгъа- тыр цæфтæ... Цæй бæрц хъару хъуыд уыдон бауромынæн; нæ фæтасынæн. Фæлтæрд салдатмæ бирæ тых æмæ ныфс разынд. 194
Ныффæрæзта зындзинæдтæн. Уый нæ, фæлæ кæд • инва’лид уыд, уæлгъæдæй рынчын, уæддæр ма тыхст адæймæгтæм йæ къух бадаргъ кæнын йæ бон баци. Ис ахæм хабар. Кокойтæй иу зафонд лæг Лади хуыйны, 72 азы йыл цæуы. Уыд’ æнæхи- цау, Ннчи йын уыдис нæ æввахс æрвад, нæ тугхæстæг хицон. Дпмитр стъæлд, æвæгæсæг зæронды куы федта, уæд ын тынг фæтæригъæд кодта. Сæхимæ йæ æрбакодта æмæ ныр дæр цæ* ры пæ хæдзары, йе ’нцой. Бирæтæ сæхи сывæллæтты дæр нæ фл’уарзынц. Уынджы къæйыл сæ ныууадзынц. Гаглойы фырт дыккаг ус æрхаста челиаттаг Дзукъаты Замирæты. Зами- рæтæн йемæ уыд дыууæ чызджы, Ирæ æмæ Изетæ. Уыдонæн сæ фыд брытъатаг Сланты Антъон фæмард хæсты. Сидзæр- тæ уыдысты. Фæлæ Сланты чызджыты Димитр сидзæргъуыз, къулбæр- зæйæ, бæгънæг, æххормагæй адæмы æхсæнмæ никуы рауагъ- та. Йæхи хъæбултау сæ схъомыл кодта. Фыды лæггад сын ба- кодта. — Цард тох у æмæ дзы хъæддых лæууын хъæуы,— арее.х' фæдзуры Димитр, искæй æгуыдзæг, уонгуагъдæй куы фены, уæд, æмæ æцæгдæр Гаглойы фырт кæд инвалид у, æрдæг адæймаг, хуыскъкъах, цæнкуылцонг, уæддæр йæхи æнæсæ- рæн, æгуыдзæгæй никуыма равдыста. 1960 азæй фæстæмæ кусы Сунжайы «Хæлардзинады» колхозы, Теплицæйы æрзайын кодта диссаджы джитъыритæ... Дыргъдоны хъарагъул... Кæмдæриддæр цырддзастæй хъахъ- хъæны æхсæнады фæллой. ^
Пухаты Алыксандр ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ ардбæллон, зæрдæргъæвд лæппу уыдис йæ гыц- цылæй дæр Сардион (Никъала), фæлæ йе скъоламæ цæуын- афон куы ’рлæууыд, уæд ын, абоны цардæфсæст æмæ зæрдæ- рай сывæллæттау, нæ фæцис ахуырмæ бацæуыны фадат. Уый райгуырдис, фыццаг уырыссаг революци йæ тæккæ тæмæны куы уыд, уыцы рæстæджы, Дзауы районы Мзиуы хъæуы мæ- гуыр зæхкусæджы хæдзары. Бирæ бинонтæ... Цыбыркъух ный- йарджытæ... Ирыстоны Советон хицауад куы фæуæлахиз ис, æрмæст- дæр уæд сулæфыдис лæппу йæ риуыдзаг, йæ къабæзтæ сæри- барæй аивæзта. Хъæууон скъолайы фæстæ — совпартскъола... Каст æй фæцис æмæ райдыдта йæ фæллойадон биографи дæр... Куыста Ксуисы совхозы бынæткомы сæрдарæй. Стæй йæ йе ’взыгъддзинæдтæм гæсгæ дарддæр Калакмæ ахуыр’кæ- нынмæ арвыстой. Уый фæстæ та — Цхинвалы педтехникум. Цхинвалы пединститут. Ам ын бантыст æрмæстдæр фыццаг къурс фæуын. Стæй йын йæ дарддæры фæндаг æрæхгæдта æбуалгъ хабар. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Галуа- 196
иы фырты зæрдæйы æвæджиаг бæллицтæ, нæмыгдзæф фæн- дыры зæлтау, æрдæгыл фескъуыдысты. Хæсты дыккаг бон æм фæсидтысты æфсарддон къамиса- риатмаз. Æмæ йæ куынæггæнæг батальоны сконды Рукъ æмæ Зикъарайы æфцджытæм арвыстой. Снысан æй кодтой ротæйы командирæй. Æниу уæд Ирыстоны æфцджытæ дæр фронты хуызæн уыдысты, кæд дзы сармадзаны нæрын нæма хъуыст, уæддæр. Иу æмæ дыууæ хатты не ’рцахстой махуæттæ знаджы шпионтæ æмæ диверсантты, зæххы скъуыдæй дæр-иу фæзын- дысты. Бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвыстой батальоны хæстон- тæ, æфцджыты рахизæнтæ хъахъхъæнгæйæ. Фæлæ уæддæр фронты раззаг хахх нырма дард уыдис. Гъе, уырдæм æхсайдта Сардиоиы зæрдæ дæр. Æмæ та иубои йæхи абæлццон кодта. Фронтмæ нæ — Тбилисмæ. Ам каст фæцис политикон хаххыл ротæйы командирты хæдивджытæ- цæттæгæнæн æхсæзмæйон къурсытæ. Радтой йын лейтенанты ном æмæ цалдæр боны фæстæ фронтмæ арастис. Службæ код* та 56-æм армийы 307 æхсæг полчы. Иæ хæстон фæндаг цыдис Минводы горæтæй Краснодармæ. Уырдыгæй Таманы æрдæг- сакъадахмæ. Йæ хæстон æмбæлттимæ фæстейæ сырдтой фа- шистон тыхæйисджыты. Бирæ. фыдæвзарæнты фæцис Галуаны фырт, фæлæ Тама- ны æрдæгсакъадахыл цытæ федта, уыдонæн дзы æмбал нæ уыд. Иуахæмы, арф комы цæугæйæ, немыцæгтæ сæ разы ба- бадтысты æмæ сыл æнæнхъæлæджы сæхи ныццавтой. Мах,- уæттæ дæр, чи фæтæрса,' ахæмтæй нæ уыдысты. Сцырын ис карз хæст, дыууæтыл дæр цыдис уæззау зиæнттæ. Хъæбаты- ра«й хæцыдысты батальоны хæстонтæ, фæлæ немыцæгтæ би- рæ фылдæр уыдысты, æмæ сæ бар-æнæбары бахъуыд фæстæ- ма- алæууын. Ротæйы командир куы фæмард, уæд ын йæ бы- иат бацахста Галуаны фырт æмæ хæстонты хъуамæ размæ абырсын кодтаид. Фæлæ уæдмæ фронты ацы къаннæг, нарæг уаццагмæ знаг æрбакалдта ног тыхтæ. Уыцы æнæмсæр тохы махуæттæ баййæфтой стыр. зиæнттæ. Батальоны дæлхæйттæ кæрæдзийæ фæхицæнтæ сты, ныппырхытæ сты хъæды, кæрæ- дзи нал ардтой. Уыцы тохты Сардион дæр æвыдæй нæ баззад. Автоматы нæмыгæй йæ зæнг фæцæфи æмæ хъæды æвæгаесæ- гæй баззад. Иæхи куы ’рымбæрста, уæд куыддæрты йæ зæнг бабаста, æмæ, счипп-счипп гæнгæ, сосæ фæндаджы былмæ æр- хæццæ. Кæсы æмæ дардæй федта цавæрдæр автомашинæ ра- цæугæ. Исдуг арф хъуыдыты аныгъуылд: «Знаджы машинæ- тæй ма уа. Ацы\ран махуæттæй цъиузмæлæг дæр куы нæ зы- ны». Æмæ йæ автомат æхсынæввонг æрцæттæ кодта, зæгъгæ, кæд мæлон, уæд ’цытимæ. Иæ амондæн машинæ разынд нæ- хи. Уый фронтæй,гфæсчъылдыммæ,' быдырон госпиталмæ ласта советон цæф хæстонты. Æрурæдтой йæ æмæ йæ семæ аластой. Уым, госпиталы, фембæлдис йе ’мзæххон Плиты Михаилыл. 197
Уый куыста госпиталы къамисарæй. Куыддæр æй базыдта, афтæ кæрæдзийыл фæцин кодтой, сæ хабæрттæ фæкодтой. Иу мæймæ йæ къах адзæбæх æмæ та фæстæмæ не ’фсæд- дон хаймæ афардæг. Баййæфта сæ Керчы горæтмæ хæс- тæг. Ногæй та йæ цæсты раз февзæрдысты хæсты æвирхъау нывтæ, йæ хъустыл та уайын райдыдта сармадзанты нæрын, танкæты иугъæдон гуыртуыр. Дыууæ боны фæстæ та сын сæ ротæйы комаидир Зверев Семены амардтой. Сардионмæ уа- дидæгæн фæсидтысты полчы штабмæ. Уым ын штабы хистæр Саркисян, саулагъз, бæрзондгомау лæппу-лæг, тагъд-тагъд бардзырд радта. «Лейтенант Галуаны фырт, дæ бæрны дын кæнын рæс- тæгмæ ротæйыл командæ кæныны хæс. — Хъусын дæм, æмбал командир, — æфсæддон салам ын радта уый дæр. — Æрмæст арæхстджындæрæй архайут. Æгæр стыр зи- æнттæ цæуы нæ полчы æфсæддон хæйттыл, — аудæг хъæлæ- сы хаттæй йын загъта Саркисян. — Архайдзынæн, цы мæ бон уа, уымæй, — дзуапп та йын радта Сардион. Галуаны фырт старшинæимæ йæ ротæйæн продукттæисын- мæ куы бацыдысты, уæд та уым, æфтауцдоны, фембæлдис полчы фæлындзынады хистæр — капитан Цоциты ЛЪнхаилыл. Æхсызгон та сын куыннæ уыдаид кæрæдзийы фенд. Хъырымы тохарыд зæхх. Немыцæгтæ сарæзтой рæстæгмæ фидæрттæ. Ам сын уыд хæцæнгæрзтæ æмæ хæцæн æрмæджы- ты стыр æфтауцдон. Йæ алыварс уыд минæтæ æвæрд. Æхсæ- вæй-бонæй йæ хъахъхъæдтой цалдæр хæстонæй. Ам немыцæг- тæ тыхджын æмæ зынбацæуæн позици кæй бацахстой, уымæ гæсгæ цасдæр рæстæджы нæ хæстонтæн нæ уыдис размæ быр- сæн. Ардыгæй сыл æнæсцухæи уарыдис здыйы къæвда. Æвæ- стиатæй хъуыдис æфтауцдон спырх кæнын, знаджы тыхты равæрд сбæрæг кæнын. Пзæрдалынгтæ кодта, афтæ батальоны командир фæсид- ти Сардионмæ æмæ/йын бардзырд радта, цæмæй цалдæр .хæс- тонимæ сбæрæг кодтаид немыцаг æфтауцдоны дырыс бынат, стæй знæгты бæрц æмæ равæрд. Майы сабыр æхсæв развæдсгарджытæ фынддæсæй арасты- сты Сардионы сæргълæудæй’ ахсджиаг æмæ тæссаг балцы. Алцы дæр уыдис сабыр, æгæрстæмæй, бæлæсты къалиутæ дæр не змæлыдысты. Æрмæст-иу; искуыдæй-искуыдмæ арвы тыгъ- , дады фæзындысты иугай цæхæркалæг ракетæтæ. Дардæй хъус- тыл гæзæмæ уадис цæугæдоны сæр-сæр. 1^ьахфындзтыЛ{. æв- вахс бацыдысты нысангонд бынатмæ. Мæйрухсы сæм æрпæт I дæр разындис аивæй, алцы дæр сбæрæг кодтой, цы- гæнæн уы- дис, уымæй. Бон дзир-дзур кæнын райдыата, афтæ фæстæмæ 198
здæхтысты. Фæндагыл ауыдтой æхсæз немыцаджы рацæйцæу- гæ. Сардион йе ’мбæлттæн ныллæг хъæлæсæй загьта: — Æхсгæ уæ мачи фæкæнæд. Немæ сæ акæнæм. Куыддæриддæр сæм æрбаввахс сты, афтæ сæм автоматтæ ныддардтой. Немыцæгтæ æнæнхъæлæджы цауæй куаддæр фергъуыйау сты æмæ æнæ иунæг æхстæй сæхи радтой. Развæд- сгарджытыл цинимæ сæмбæлдысты сæ хæстон æмбæлттæ, ба- тальоны командир сын бузныг загъта, фæстæдæр ацы хæстон операцийы тыххæй Галуаны фыртæн лæвæрд æрцыд Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй майдан. Райсомæй махуæттæ немыцæгты хæцæнгæрзты æфтауц- доиыл минометтæй, ихуарæгау, нызгъæлстой, скуыстой та сар- мадзантæ дæр æмæ йæ зæххы ’мхуызон скодтой. Немыцæгтæ уырдыгæй сæхи айстой, бирæ хæстон техникæ ныууадзгæйæ. Фæлæ та цалдæр боны фæстæ ногæй карз тох сцырынис батальоны хæстонтæн. Иемыцæгтæ махуæтты ныхмæ æрба- кодтой ног тыхтæ æмæ та рауадис æнæмсæр тох. Стыр зиæнт- тæ æрцыд не ’фсæддон хайыл. Сардионы ротæйы ма цы 23 хæстоны баззад, уыдонæй 20 мард фесты, æртæйæ та уæззау дæфтæ. Сардионæн дæр нал фæци уæлахизы онг хæсты хайад райсыны фадат. Минæйы схъистæй фæцис цалдæр цæфы. Уæл- дайдæр та йæ фарс. Краснодары госпиталы иу цъус фæцис, стæй йæ рарвыстой Махач-Каламæ. Фæхуыссыд бирæ рæстæджы дæргъы Ерева- пы æмæ Кироваканы госпиталы дæр. Æмæ æхсæз уæззау оиерацийы фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Нал сбæззыд уæззау куыстытæн, фæлæ уæддæр йæхицæн æрулæ- фон, зæгъгæ, нæ загъта. Ам ын нæ горæты дæр цалдæр хатты пæ цæфтыл сопераци кодтой, фæлæ та-иу хæсты хъæдгæмттæ погæй ферхæмысты æмæ та операци операцийы фæдыл... Гал- уаны фырты венæтæ лыг сты æмæ уый адыл йæ къахмæ туг пал цæуьк У Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къорды инвалид. ^æдæй нырмæ дыууæ лæдзæджы æнцæйтты дæр зынтæй цæ- уы. Фæлæ Галуанты Ягоры фырт Сардионæн, нæхи Никъала- пæп, йæ хъару пæ асаст. Раздæрау у цардбæллоп, хъæлдзæг- зæрдæ. Цалдæр азы дæргъы сæхимæ, Тъбеты, колхозы фæкуыста хынцæгæй, стæй та Цхинвалторджы куыста. 1949 азæй абоны онг та æнæраивгæйæ кусы рауагъдад «Ирыстоны» æфтауцдоны сæргълæууæгæй. Алы ран дæр йæ куыстыл. иузæрдион у, бинонты цардьг— цæвиттойнаг. Галуа- пы фырт ныр цыппор азы бæрц хæссы коммунисты кадджын пом. Уыцы номимæ баст сты йæ æвæджиаг хъуыдытæ, рæ- сугъд бæллнцтæ, ф!æндиæгтæ. ^
Годжыцаты Ясон ХЪÆБАТЫР ТАНКИСТ ате ма æвзонг лæппу уыд, афтæмæй йæ раразмæг кодтбй йæ хъæубæстæ колхозы сæрдарæй. Раразмæ йæ кодтой уымæн, æмæ, дам, гайлаг родæй дæр бæрæг вæййы. Æцæг йæ алы февнæлд дæр Матейæн карды æрцъыккæй уæлдай нæ уыди æмæ йæ сæ, хъæубæстæ дæр афтæ тынг уымæн бауарз- той, сæрбахъуыды рæстæджы сæ фæдисон уыди. Иугæр ыл йæ хъæубæстæ ахæм æууæнк бафтыдтой, уæд йæхицæн æнцойад нал лæвæрдта Мате дæр. Чи сæ банымай- дзæн, сæрдарæй кусын куы райдыдта, уæд цал æгъуыссæг æх- сæвы арвыста, уыдон. Æмæ йæ фыдæбæттæ дзæгъæлы нæ фе- сты, колхозы ныллæууын кодта рæзты фæндагыл. Уый та йык бантыст, коммунисттимæ, фæскомцæдисонтимæ, стæй уæд /ин- нæ активимæ йæхи æнгом кæй сбаста, уый фæрцы. Уыдон æх- хуысæй йæ бон бацис куысты цухдзинæдтæ аиуварс кæнын, колхозы хæдзарадон æмæ экономикон æгъдауæй сфидар’ кæ- нын. ■- «Колхозы мæ тынг фæндыд кусын, фæла; хицауады раз æн- дæр хæс дæр лæууыд мæ разы, — фæзæгъы Мате. — Æрхæц- 200
цæ æфсадмæ ацæуыны рæстæг. Хæрзбон загътон мæ хъæубæс- тæн æмæ 1939 азы ацыдтæн Сырх Æфсадмæ. Ам уæрæхдæр ракастæн мæ цæстæй, мæ разы банкъардтон стырдæр бæрн- дзинад». Матейæн æфсады йæ хистæртæ цыдæриддæр хæс кодтой, \-ыдон æххæст кодта намысджынæй, æфсæддон æмæ полити- коп ахуырты уыд раззагон, уымæ гæсгæ йæ бирæ бауарзтой. Йæ ныййарджытæм ын иу’æмæ дыууæ хатты не ’рырвыс- той æппæлæн фыстæджытæ дæр. Мæнæ, гъе, уыдонæй сæ иу. «Арфæ уын кæнæм, ахæм зæрдæргъæвд, æгъдауджын фырт уьш кæй ис, уый тыххæй. Уый йæ хистæрты бардзырдтæ æх- хæст кæны намысджынæй, алцæмæй дæр у раззагон, — Рай- гуырæн бæстæн ахæм ’патриот кæй схъомыл кодтат, уый тых- х’æй уын зæгъæм бузныг». Мате æфсæддон хъуыддагмæ æвзыгъд уыдис æмæ йыи уымæ гæсгæ лæвæрд æрцыд сержанты ном, ссис танчы ко- мандир. , • Стыр Фыдыбæстæйон хæст Матейы æриййæфта горæт Жи- томиры 40 дивизийы 20-æм танкон бригадæйы службæ кæнга- йæ. Дивизи 1941 азы июны хайад иста знаджы ныхмæ карз тохты. Хуссар-Ныгуылæн фронты. Ацы тохты Киевмæ æввахс знаджы бомбæйы схъисæй фæ- цæф хистæр сержант Матейы галиу къух. Харьковы госпиталы иæ 18 бонмæ сдзæбæх кодтой æмæ та йæ фæстæмæ арвыстой йе ’фсæддон хаймæ. Мате цы танкæйон бригадæйы уыд, уый Воронежы цур- знаджы танкæтæй басыгъта цалдæр, дзæвгар скуынæг кодта знаджы салдæттæ æмæ афицертæй дæр. Гитлеронтæ 1942 азы Сталинградмæ куы бырстой, уæд сæ пыхмæ æрвыст æрцыд 20-æм танкон бригадæ (уым уыд Ма- те дæр) æмæ активон хайад райста немыцаг фашисттыл Ста- линграды æрхъула кæныны операцийы. Ам Мате йæ танчы сармадзанæй басыгъта знаджы 2 бронемашинæйы æмæ скуьг нæг кодта 17 фашисты. Ацы сгуыхтдзинады тыххæй Матейы риуæй .сæрттывта Сырх Стъалыйы орден. Танкист-механик Бой- ков Ваня та хорзæхджын æрцыд Сгуыхтдзинады тыххæй майданæй. Сталинграды карз тохты Мате уæззау цæф фæцис. Гос- питалы йæ куы сдзæбæх кодтой, уæд та фæстæмæ ацыд йæхи æфсæддон хаймæ æмæ активон хайад райста Курск, Орел æмæ Белгороды цур. карз тохты. Курскы цур Матейы æфсæддон хай азрхъула кодта знаджы 500 салдат^ æмæ афицерыл æмæ сæ уацары ракодтой/\'7 сармадзан æмæ 5 автомашинæимæ. Ам Мате йæхи хъæбатырæй кæй равдыста, уый тыххæй та хор- зæхджын æрцыд Кады орденæй. Гамхиташвили Мате цы гвардион танкон бригадæйы службæ кодта, уый хъæбатырдзинад равдыста Киевы знагæй 201
ссæрибар кæныны æмæ Корсунь-Шевченкойы æрхъулагонд гитлеронты ныхмæ тохты. Ацы тохты Мате йæ танчы сарма- дзанæй^ басыгъта знаджы танк, скуынæг кодта цыппар сар- мадзаны. Уый тыххæй та Мате хорзæджын æрцыд Хъæбатыр- дзинады тыххæй майданæй. 20-æм гвардион танкон бригадæ активон хайад райста Ру- мыни æмæ Венгрийы гитлеронтæй ссæрибар кæныны тохты дæр. Ацы тохты Мате æртыккаг хатт фæцæф знаджы сарма- дзаны нæмыджы схъисæй. Уыцы схъис абоны онг дæр хæссы йæ чъылдымы. 1945 азы Гитлерон Герман саст куы ’рцыд, уæд Гамхи- ташвили цы гвардион-танкон бригадæйы уыд, уый æрвыст æр- цыд Японы ныхмæ хæстмæ æмæ хайад р^йста Мукден, Порт- Артур æмæ æндæр горæттæ япойнæгтæй ссæрибар кæныны сæрыл тохты дæр. Ацы тохты дæр Мате хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йæ риуæй ноджыдæр рарттывтой цалдæр майданы. - Мате фронтæй æрыздæхт 1945 азы 8 ноябры æмæ та сæ хъæу Хозуеты.. колхозы сæрдарæй кусын райдыдта. 1950 — 1962 азмæ куыста сæ колхозы фермæйы гæсæй. Ныр та кусы бригадирæй. Ъ
Цхуырбаты Иван ÆРТÆ САХЪ ÆФСЫМÆРЫ Елиоз оветон Æфсады размæбырст Мæскуыйы цур 1941 азы кæрон бынтондæр фехæлдта фашизмы агрессивон пълантæ. Ацы стыр тохы вазыгджын хай уыд Керчь-Федосияйы десантон операци. Уый хæсгонд æрцыдис Фæскавказы фронты 51 æмæ 44 армитæн, Сау денджызы флот æмæ Азовы флотилийæн. Уыцы æфсæддон хæйтты уыд бирæ ирон хæстоитæ, афтæмæй Керчы æрдæгсакъадахы ахæм квадратон километр нал баззад, Ирыс- гоны хъæбултæ сæ туг кæм нæ ныккалдтой. Советон наутæ десант ласын байдыдтой 1941 азы 25 де- кабры, фашистон хæдтæхджытæ уыдоныл бомбæтæ калдтон, х’æстонтæ сæхи æппæрстой ихджын донмæ æмæ знагыл нæмыг згъæлстой, донбылтæй фашистон пулеметтæ æмниуд кодтой, тугхъулон адардтаку Керчы донбакæлæн. Бирæ ирон сахъгуырдтæ ьыгæд æрцыдысты ихты æхсæн. Сирвæзт Керчы хуссайраг кæ- ронмæ хæстонты къордимæ Гасситы Никъалайы фырт Елиоз Дæр. Бацахстой фидар плацдарм æмæ æнхъæлмæ кæсынц се ’мбæлттæм. Фæлæ æрдз дæр ахæцыд фашистты фарс — сыстад 203
Михаил Георги фыддымгæ. 1941 азы 27 декабры уыцы бон Гассийы фырт йе ’мбæлттимæ иумæ тох кодта фыдгултимæ. Дыккаг бок нысса- быр тымыгъ æмæ 21 декабрмæ махонтæ десант ласт фесты. Хъæбатыр хæстонтæ 1942 азы 2-æм январмæ ссæрибар кодтой знæгтæн Керчы æрдæгсакъадах. Керчы сæрибар зæххыл Елиоз куыста санчасты, бирæ феххуыс кодта цæф хæстонтæн, фæлæ йæхæдæг дæр уым хъæбатырæй мард фæцис. Гасситы Елиоз райгуырдис 1916 азы Бузалайы хъæуы мæ- 1уыр зæхкусæг хæдзары, райдиан скъола каст фæцис йæ рай- гуырæн хъæуы, ацахуыр кодта Дзауы скъолайы дæр. Елиоз. уый фæстæ каст фæцис Ленинграды техникум æмæ куста Дза- уы æххæсткомы статистикон хайады. Елиоз Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ ацыд 1941 азы 24 нюны. Елиозы кæстæр, Миха, лæджыхъæдæй фæстæдæр никæмæГг баззад. Уып райгуырд 1918 азы. Каст фæцис Дзауы астæук- кагскъола, Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон нститугы физикæ-математикон факультет æмæ куыста. Чеселты астæук- каг скъолайы ахуыры хайы гæсæй. У). .) 1939 азы Гаситы Миха ацыдис Сырх Æфсадмæ. Уыцыаз Миха активон хайад райста Ныгуылæн Украииæ ссæрибаркæ- ныныæмæйе ’фсæддон хаимæ æрынцад Львовы. Г^ссийы фырг титлерон фашисттимæ тох кæнын райдыдта Львовæи ныгуылæ- ны æрдыгæй. Знæгтæ Советон Æфсады чысыл к^юрды ныхмæ 204
афбакалдтой механизацигонд дивизи, хъæбатыр хæстоитæ фæс- чаг туджы æртахы онг цалдæр боны фа>тох кодтой. Гасситы Ми- ха дæр Львовы цур йæ цард нывондæн æрхаста Райгуырæн бæ- стæйы сæрыл. Раст афтæ рацыд Михайы кæстæр æфсымæр Георгийы хæстон хъысма^т дæр. Уыдон æфсадмæ дæр ацыдысты иумæ. Михамæкуыæрсидтысты, уæд Георги та куырдиат балæвæрд- •\г Дзауы æфсæддон къамисармæ, цæмæй йæ йе ’фсымæримæ арвыстаиккой. Георги ссис арæнхъахъхъæнæг. Уый дæр хайад райста Ныгуылæн Украинæйы ссæрибаргæиæн операцийы. Знæгты механизацигонд корпусы дæлхæйттæ, стонг бнрæгъ- тау, лæбурдтой Георгийы заставæмæ боныцъæхæй, 22 нюны Га’ссийы фырт йæ хæстон къордимæ фашисттæй дзæвгары зындоны хай бакодта, фæлæ уыцы бон знæгты къухæй ахуыс- сыд 21 аздзыд Георгийы зынг дæр. Уый райгуырдис 1920 азы Цæгат Ирыстоны Нары хъæуы. Георгийы мад æмæ фыд уы- дысты Хуссар Ирыстоны лигъдæттимæ. Нарæй ноггуырд Геор- гийæн хæссыны амал нæ уыд æмæ йæ Никъала ныууагъта йæ мады æфсымæртæ Балатæм. Уыдон чысыл Георгийы аир- вæзын кодтой æмæ йæ мидхæсты фæстæ радтой йæ ныййар- джытæн. Георги райдиан скъола каст фæцис Бузалайы, аста>- уккаг скъола та — Дзауы. Ие ’ртæ хъæбатыр фыртмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ ингæнмæ фæцыд Гасситы Никъалайы бинойнаг Гæззиан. а
Гаглойты Владимщу ЦАРДЫ ЗАРÆП, УАРЗТЫ ЗАРÆГ ылпаркъуымон цъæхцъар фыссæн чиныг. Иæ уæлæ фыст: «Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнæг Цæгат-Ны- гуылæн фронты хæстонæн горæт Молотовы Ленины районы фæллойгæнджытæй». Æмæ фæлдахын уыцы фыссæн чиныджы сыфтæ иугай. Фæлдахын æмæ мæ чиныджы фыстытæ азты сæрты ахастой фæстæмæ, ахастой, æмæ мæ æвирхъау хæсты, цард æмæ мæ- лæты æхсæн æнæнтау тох кæм цыдис, уыцы ауæдзыл æруа- 1ътой æмæ мæм уадидæгæн райхъуыст сармадзанты богъ- богъ, хæдтæхджыты бомбæты спырхыты унæртæ. Хъусын: знаджы нæмыг кæй ахызтис салдаты риуы, туг куыд ныл- лæууыд цыхцырæг æмæ ма йæ мæлæты размæ йæ ныййарæг- мæ «мæлын гыцци» кæй сиды. .'• Фæлдахын чиныджы сыфтæ дарддæр, цæстыты раз æвир- хъау нывтæ февзæрд: мæнæ !!армыдзаг хæстонты къордгæр- бынат кодта обауыл тæссар-мæссар умæл акъоппыты^рæ- бынæй. Бырсы сæм знаг кард æмæ нæмыгæй, ныббырста иу хатт, — уæнгтæцъæлæй алыгъди фæстæмæ. Ныббырста ан- нæ хатт — йæ уд ма йæ зæвæтты ахаста куыддæрты... фынд- 206
дæс хæстоны, советон адæмы фынддæс айнæгриу хæстоны царды сæрыл мæлæты ныхмæ бацыдысты æгъуыстаджы хъа- зуаты. Знаг нæ аивта йæ фæнд, ’ атахъ-атахъы фæдыл йæ сал- дæтты æрвиты. Советон хъæбатыр хæстонтæ иугай тайынц обауы уæрмыты. Æрхауы иу, — иннæ дывæр бæрцæй фыды- знагмæ ныхъхъавы, куы æрхауынц æртæйæ, — уæд та хæс- тоны тых фæфылдæр вæййы авд хатты. Æмæ цæуы мæлæт- дзаг тох уæдмæ, цалынмæ обауыл æгъуыстаджы хæстонтæн. •еххуыс нæ фæзыны. Фæзынд æххуыс, фæлæ ма обауы хæстонтæй удæгас баз- запынц æрмæстдæр дыууæйæ. Æмæ афтæ дарддæр... æвирхъау токтæ, æхсар æмæ лæ- джыхъæды хъуыддæгтæ, салдаты хæцæнтæ, тугæй астæумæ тохы фæндæгтæ. Стыр хъыгтæ, стыр цинтæ, хæсты райдиа- нæй суангдæр уæлахизы бонмæ йæ тохы фæндæгтæ, йæ тохы хæцæнтæ. Дзуры чысыл фыссæн чиныджы фæрстæй тохы æвирхъау цæхæры æхсæнæй салдат йæ хъуыдытæ, йæ ристæ, куы æр- хæндæгæй, куы та цин æмæ уæндонæй. Салдат бавзæрста хæсты фыццаг бонты маст æмæ хъыгдзинад, пиллон калгæ- пæ фæстæ уагъта советон горæтты, дидинæгæфтауæг хъæу- ты. Ралæууыд фæстæмæ... Советон зæххæй уылынджы бæрц- дæр знагæн æнæ тугкалд нæ радта. Салдат мæстджын уыд. Фæлæ иунæг уысм дæр йæ ныфо пæ бакуымдта сæттын. Фæстæмæ лæугæйæ бонæй-бонМæ :;нагæн йæ къабæзтæ иугай цагъта, æнхъæлмæ каст, кæд æруромдзæнйæ цыфыддæр знаджы æмæйын кæд асæтдзаёй йæ бæрзæй. Æмææрцыд уыцы рæстæг. Салдат æрурæдта знаджы. Йæ бæрзæй йын мæлæтдзаг цæф фæкодта, æмæ йæ рйзæй ;фæстæмæ ассæста фыдгулы. Райдыдта стыр размæбырст æмæ уыцы ’ тугкалæн тохты иу боиæй иннæмæ, иу тохæй иннæмæ зынынц ацы чысыл фыссæн. чиныджы фæрстыл салдаты хъуыдытæ йæ уæзæгыл, йæ адæм æмæ йæ бинонты хъысмæтыл. Уæлдæр цы æфсæддоны фыссæн чиныджы кой ракодтам, уымæн йæ хйцау у гвардийы капитан Гасситы Ладийы фырт Дауыт. Фыссæн чиныг асæй у чысыл, йæ фыстытæ рæстмæ нал- кæнынц зынгæ дæр, кæм къарандасазй фыст, кæм та ахорæ- нæй. Раджы фæцй). хæст, хъазуат рæстæг ныр фестади исто- ри. Хæст, куы фæци, уæдæй нырмæ’ рацыд æнусы цыппæрæм- -^ай. Ф^æлæ нырма<(абон дæр империализмы хæстон стратегтæ- сзе сæр сæттынц, советон адæмы æвæджиау уæлахиздзинады сусæгдзинад цæй мидæг уыд, уый бамбарыныл. Фæлæ йык 20?:
абоны онг раст дзуапп ссарын сæ бон нæ баци, нæ дæр ыи сæ бон дзуапп радтын .бауыдзæн. Адæйм’агады иууыл æвирхъаудæр знаг — фашистон æф- сад советон бæстæмæ цы бон æрбабырста,. растдæр, гъе, уы- цы бон аскъуыддзаг йæ адзал. ’Фæуæлахиз сты советон адæм, фæуæлахиз сты канд хæ- •стон хотыхты руаджы нæ, фæлæ æхсар æмæ лæгдзинадæй, моралон æмæ фыдыуæзæгмæ стыр уарзоидзинады æнкъарæн- тæй. Советон хæстонтæ мардысты хæсты быдыры, мардысты, фæлæ йæ зыдтой: сæ туг ныккалд фыдыуæзæг æмæ царды рæсугъддзинады сæрыл кæй у, уый. Сæ фæстаг сулæфт, сæ фæстаг фæдзæхст уыди: «æз мæлын, фæлæ фыдыуæзæг дæ фæдзæхст». Уыцы хъуыддагæн та нын æвдисæн у Гасситы Дауыты фыссæн чиныг, тохы арты фæздæджы тæф нырма дæр кæй фæрстæй цæуы, мæлæг салдаты фæстаг фæдзæхст кæй фæр- стæй хъуысы... размæ чи сиды, цардмæ чи хоны. Гасситы Дауыт та у советон æфсады милуангай хæстоп- тæй сæ иу. Афтæ хъуыды кодтой Дауыты кары хæстон æм; бæлттæй. Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад йæ цардæй ба- хъахъхъæныны хæс кæмæдæриддæр æрхауд, уыдонæй ал- чи дæр. Гасситы Ладийы фырт Дауыт райгуырдис 1909 азы Хус- сар Ирыстоны Бузалайы хъæуы, йе ’мкар сабитау, уымæн дæр уæззау æмæ æрхæндæг уыдысты йе ’взонджы бонтæ. Хæрз сабийæ йæ рæстæг æриста йæ мады хъарм хъæбысæй æмæ йæ фæбалц кодта царды гуырымыхъ фæндæгтыл, цыд фыййау исджынты фосы фæдыл куы иу хъæуы, куы иннæйы. Федта йæхи цæстæй æмæ бавзæрста 1920 азы æвирхъау хабæрттæ- Фæстæдæр Советон хицауад куы фæуæлахиз æмæ бæстæ куы æрсабыр, уæд 1923 азы ахуырмæ бацыд Дзауы райдиан скъо- ламæ. 1930 азы каст фæци колхозон фæсивæды скъола. Ахуы- ры рæвдз æмæ арæхстджын кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ Гуыр- дзыстоны фæскомцæдисы ЦК арвыста Мæскуымæ ахуырмæ. 1934 азы каст фæци Мæскуыйы М. И. Калинины номыл рабфак. Фæлæ ууыл нæ ахицæн йæ ахуыры хъуыддаг. Иу азы фæс- тæ ногæй бацыд Мæскуыйы зæххы куыст кæнынады инженер- ты институтмæ. 1940 азы каст фæци уыцы институт æмæ йæ кусынмæ арвыстой Кæсæг-Балхъары Автономон Республи- кæмæ. , , , < Стыр Фыдыбæстæйон ’хæст Гасситы Дауыты æрыййæфта г- Налцыччы. Бахъуыд æй йæ куыст ныууадзын æмæ хæцæп- гарз йæ къухмæ райсыны \сæр. ()^ .$ { Уыд арæзтадон хъахъ!?съ^едады батальоны техник. ^рæз- той фидæрттæ Минводы æмæ! Прохладнæйы горæттæм . -æрба- цæуæнты. - • 1942 азы ахуыр кодта В. И. Ленины номыл æфсæддон-по- ■208
ЛИТ1ГКОН Академийы æмæ йæ арвыстоп Цæгат-Ныгуылæн фронтмæ. Уыд 11 армийы,202 æхсæг -дивизийы 1317 полчы 2-аг Яатальоны командиры хæдивæгæй. Гасситы Дауыт цы æфсаеддон, .хайы уыд, уый стыр хъæ- батырдзииад .равдыста Прохоровкæйы станцы сæрыл тохты. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйы ахсджиаг бынат ахсынц Курск-Орелы къæлæтæджы . æвæджиау тохтæ, стыр хъа^батырдзинад равдыстой не ’фсæддон хæйттæ уыцы æвир- гчъау-тохты мидæг. Гасситы Дауыт’цы батальоны уыд, уыцы батальон фыдызнаджимæ лæгæй-лæгмæ джебогъæй тохты цал- дæр боны дæргъы аппæрста! ныхмæлæууæджы дыууадæсконтр- атакæйы æмæ скуынæгкодта фыдызнаджы дыууæ ротæйы бæрц. Белгороды здæхты станцæ Прохоровкæйы ’рдæм немыцаг- фашистон æфсæдты сæрдыгон размæбырст æрурæд æмæ куы- нæггонд кæй æрцыд, æмæ уыцы тохты Дауыты батальон хъæ- батырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады. тыххæй майданæй. Гасситы Дауыт йæ батальонмæ горæттæ Полтавæ æмæ Кременчук, ’стæй Днепры доны сæрты Григоро-Бригадировкæ- пы раноны кæй ахызт, Червона-Каменка, Знавенка, Кирово- град æмæ Первомайскы • горæттæ ссæрибар кæныны сæрыл ’ючты, 9-æм уæлдæфон десантон Сырхтырысаджын æхсæг диви’- зийы сконды хайад кæй иста,-уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы ордерæй. , . . \ Дауыт ныгуылæн’Буг æмæ Днестры цæугæдæтты сæр- г1ы йе ’фсæддон хæйттимæ кæй ахызт, фæстæдæр та Одер, Шпрее æмæ Эльбайы цæугæдæтты сæрты ахизыны тохты ха- над кæй иста, Дрезден æмæ Прагæйы горæттæ ссæрибар кæ- ныны тохты хайад кæй иста, уый тыххæй йæ æфсæддон коман- дæкæнынад схорзæхджын кодта Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг къæпхæны орденæй. Пæ хæстон фæндæгты тыххæй йæхæдæг уадиссагæй ницы фн»дзуры æхсарджын капитан. Йæ бæсты нын дзуры йæ хæс- тон фыссæн чиныг. Уыцы чиныджы та фыст ис, Дауыт Прохоровкæйы плац- лармы, Личковск-Демяновскы районы Обжино æмæ Софрон- ьовойы цурты 1943 азы январы мæйы цы æвæджиау тохты •^анад иста, уыдои тыххæй. Хæрз цыбыртæй бонæджы фыст ис 19-13 азы 10 январы æхсæвы 4 сахат -æмæ 30 минутыл Гассийы фырт йæ батальоны куыд акодта Софронковойы станцæ зна- ги?й ссæрибар кæныны сæрыл тохмæ. Уыд хъызт, мит фæл- Лзæгъдæн хаста, миты рыг сыстад æмæ стыр ныхдур лæвæрд- та размæбырстæн. ^æстонтæ лыжæтыл батыдтой хъæумæ. Тох карз æмæ æвирхъау уыд. Уыцы тохты Дауыт уæззау цæф фæ- Ни а^ма? бахауд рынчындонмæ. Сдзæбæх. Ногæй та фронты Раззаг хахх. Салдаты бонæджы фыст ис, Белгороды здæхты Прохо- 14* 209
ровкæйы бацæуæнты Старажиловы хъæуы сæрыл тохты 6 хатты куыд’ аппæрстой фашистон танкæты атакæты. Уыцьг тохы фæцæф Дауытæн йæ рус, туг лæсæн кодта цæсгомыл, фæлæ нæ ныууагъта тохы быдыр. Фæци Стыр Фыдыбæстæйон хæст. 1947 азы Гасситы Да- уыт ’æрыздæхт æфсады рæнхъытæй. Кусы горæт Цхинвалы æн~ дæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты. Фæлдахып Гасситы Дауыты æфсæддон бонæг. Ивгъуыд хъуыддæгтæ, лæгдзинады хабæрттæ. Кæддæр хæсты быдыры уæззау тохты фæстæ- салдат цы хъуыдытæ фыста, цы цаутæ æмæ тохтыл’ дзырдта^ уыдон абон фестадысты царды зарæг, уарзты зарæг. . Фесæфтысты, Гасситы Ладийы хæдзарæй цы цыппар тохы бæлццоны ацыд хæсты быдырмæ, уыдонæй æртæ æфсымæры: Иосеб, Иуане æмæ Федырæн’ нал бантыст, уыцы царды зарæг абон куыд нæры Иры кæмтты, Иры быдырты, уый фехъусып. Иосеб æмæ Федыр хъæбатырæй мард фесты тохы быдырьт. Иуанейæн ма уæззау цæфæй æрыздæхын бантыст йæ фыды уæзæгхмæ. Фæлæ хæсты фæстæ йæ сæрæн нал ссис æмæ амард. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй Иуане хорзæхджын æрцыд Фы- дыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæны орденæй. Нæры царды зарæг, уарзты зарæг Ирыстоны кæмттьи Нæры æмæ уыцы зарæджы мии-мин хъæлæсты æхсæн сты Г-ас- ситы цыппар æфсымæры хъæлæстæ дæр. ^
Пухаты Алыксандр ФЫДЫБÆСТÆ СИДТИС. ырма хорз лæууынц Ильяйы зæрд’ыл йæ рагбон- тæ. Дыууæ азы йыл куы сæххæст, уæд амард йæ фыд. Йн> дыууæ хо- æмæ йæ цыппар æфсымæримæ баззадысты сидзæ- ра?й сæ цыбыркъух мады ’вджид. Фæлæ цасдæр ’ рæстæджы фæстæ хистæр æфсымæртæ куыстхъом фесты. Бинонтæн цæ’ рьш фенцондæр. Фарастаздзыд Ильяйæн 1919 азы фæцис Цхинвалы гуырдзиаг скъоламæ бацæуыны фадат. Зæрдиагæй Дзы фæцахуыр кодта цалдæр азы, стæй раивта прон фæллойа- Дон скъоламæ. Уый æмрæстæджы куыста цумайы лæппуйæ Дæр. Уый фæстæ каст фæцис педагогон техникум. Афæдзы б<Т'рц акуыста Дзауы колхозон фæсивæды скъолайы. Фæлæ лæппу куыд хъомылдæр кодта, афтæ йæ зæрдæйы æвзæрдысты погæмæ ног бæллицтæ, фæндыдис æн дарддæр ахуыр кæнын. Бахауд Мæскуыйы, паддзахадон университеты физикæйы фа- культетмæ æмæ йав ;1936 азы æнтысгæйæ каст фæцис. Æрыз- Дæхтис йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ нæ горæты пединстп- туты райдыдта лекцитæ кæсын. Институты кусгæйæ, бацыднс Коммунистон партийы рæнхъытæм. Уыцы рæстæдл^ы нæ областы тынг зæрдиагæй хъуыдис яартион кадртæ. Уый адыл æй партийы Хуссар Ирыстоны 21!
обком арвыста ахуыр кæнынмæ Мæскуымæ уæлдæр партаон скъоламæ. Ам æй æрыййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Нал ын фæцис фæстæмæ йæ фыдыуæзæгмæ æрыздæхыны фадат. Куыддæр скъола каст фæцис, афтæ йæ смобилизаци кодтой Сырх Æфсады рæпхъытæм. Скодта æфсæддоны дарæс. Хæсты райдианæй суанг 1942 азы сентябрмæ Гасситы Илья уыдис Бакуйы фистæгæфсæддон ахуыргæнæндоны политхайады хис- тæры хæдивæг. Уый фæстæ йæ раивтой но’г куыстмæ — уыдис 164-æм хнцæн æхсæг бригадæйы политхайады хистæр инструк- тор. Бригадæ тагъд рæстæджы æрвыст æрцыдис фронтмæ, хайад райста Цæгат Кавказы бахъахъхъæныны сæрыл карз тохты. 1942 азы сентябрь... Горæт Нальцыччы район. Немыцаг- фашпстон æрдонгтæ уæззау æмæ бирæрæстæгмæйон тохты фæстæ атыдтоп ке ’фсæдты хъахъхъæдад æмæ размæ бырсыи райцыдтой хæхты ’рдæм, Орджоникидзейы горæтм,æ. Илья знæгтимæ лæгæй-лæгмæ фембæлд фыццаг хатт Христианов- скаяйы районы. Цалдæр боны дæргъы бригадæ урæдта иттæг хотыхджын немыцаг æфсæддон хæйтты размæбырст, æнтыс- гæйæ сæ фæстæмæ æппæрста. Боныфæстагмæ, махуæтты фæс- тæмæ алæууын бахъуыд. Хæстон архайдтытæ цыдысты Иры- стоны зæххыл, Чиколайы хъæумæ æрбацазуæнты. Фашисттæ ардæм æрбакалдтой бирæ фистæг æфсад æмæ танкæтæ. Сæ зæрды уыдис не ’фсæдты сæйраг тыхты сæ кæрæдзийæ фæхи- цæн кæнын æмæ Æфсæддон-гуырдзиаг фæндаджы ’рдæм раз- мæ абырсын. Иууыл карздæр тохтæ райдыдтой октябры фæу- ды. Цалдæр боны дæргъы немыцæгтæ æнæфæцухæй бомбæтæ згъæлстой не ’фсæддон хæйтты позицитыл, стæй размæ аф- сæрстой танкæтæй, сæ фæдыл автоматчиктæ, афтæмæй. Изæр: милтæ кодта, афтæ знаг Чиколайы’ бацахста. Уыцы ’хсæв Гассийы фыртмæ фæсидтысты бригадæйы штабмæ (уый уыдис Христиановскаяйы хъæуы) æмæ йын бар- дзырд радтой, цæмæй æвæстиатæй æрбамбырд кодтаид бри- гадæйы фæхицæнтæгонд чысыл æфсæддон хæйтты æмæ немы- цæй фæстæмæ байстаид Чйколайы хъæу. Илья ’бардзырды мидис дæлхæйтты командиртæн бамба- рын кодта. Уыдон дæр карз тохмæ сæхи бацæттæ кодтой. Знаг æнхъæл куыд нæ уыдис, афтæ’бонцъæхтыл махуæттæ размæ абырстой. Немыцæгтæ куыддæр фергъуыйау сты, стæй хæцгæ- хæпын фæстæмæ алæууыдысты. Чиколайæ дард сæхи айстой. Ацы тохты Гасситы Илья ’арæхст æмæ хъ’æбатырдзинад,^ кæй • равдыста, уый тыххæй райста командæкæнынады • бузнйгдзи- над, бавдыстой йæ хорзæх райсынмæ. Уый’ уыдис ^ирон ^æсто- ны фыццаг стыр сгуыхтдзинад. ’ '"' ^ Фашистон тыхæйнсджытæ Цæгат Кавказæй» фæстæмæ куы алæууыдысты, сæ бæрзæйыл не ’фсæдты цæфтæ куы бавзæр- стой, уæд сæхи æрфидар кодтой Азовы денджызгæрæтты, Пет- •212
ровкæйы районы. Нæ хæстонты æнæбанцайгæ ныхæй-ныхмæ атакæгæ сын æнцой нæ лæвæрдтой. Фæлæ сыи уæддæр уый сæ ныддæрæн кæнынæн æххæстæй фадат нæ лæвæрдта. . 1943 азы марты райдианы 164 хицæн æхсæг бригадæ æр- 1зыст æрцыд Азовы денджызгæрæтты цъыфдзастыты сæрты Черноярковскаяйы хъæумæ, цæмæй немыцæгты чъылдымырды- пт>й уынгæг кодтаиккой, се ’фсæдты бæрæг хай сын сæхимæ раздæхтаиккой. Афтæмæй не ’ннæ æфсæддон хæйттæн фæуы-. дзид æнтыстджынæй размæ бырсыны фадат. 1!х уыдистæнæг æмæ-иу нæ хæстонтæ ронбасты онг их- л>кын доны аирвæзтысты. Фæлæ ахæм зын уавæрты дæр бри-: ’гадæйы хæстонтæ боны цъæхтæм бахæццæ сты Черноярков- скаяйы станицæайе, знаджы фæсчъылдым сæхи æрфидар код- той. Тæнæг ихыл хæссæн уыдис æрмæстдæр рог хæцæнгæрз- тæн, фаг хæстон æрмæджытæ æмæ хæлц аласыны фадат ахæм хавафты.кæм уыди.. Уымæй дæр,-цæдты сæрты хизгæйæ, нæ хæстонтæм цы бæрц нæмгуытæ æмæ хæлцадон продукттæ уы- днс, уыдон нал сбæззыдысты, ныддонлæхъир сты. Махонтæ бахаудтой зын уавæрты. Хæстон æрмæджытæ сæм сур зæх- \æй ластой - къаннæг хæдтæхджытыл. («Кукурузниктыл») Уæлдæфы-иу хæдтæхæг куы-фæзынд, уæд-иу сæ цинæн кæрон нæ уыди — бафтыд-иу сæм «æвдадзы хос», фæл,æ бригадæйы. хæстонтæ хæлцæй тыьт сцух сты. Амалгæнæн.та уæвгæй.нæ уыд. «Цы чындæуа?» — арф ахъуыды кодта бригадæйы ко- мандир æмæ Гассийы фырт уысммæ йæ зæрдыл, .æрбалæууыд/ Пæхимæ йæм фæсидт æмæ йын æвæстиатæй бардзырд радта:( — Цалдæр хæстоны демæ акæн æмæ цъыфдзастыты ба-, ]>æвдз кæнут кæсаг ахсыны хъуыддаг. Гассийы фырт йæ командиры бардзырдыл разы бæргæ >ыд, фæлæ уæддæр-исдуг хъуыдыты апыгъуылд, зæгъгæ, цы амалæй ис, чи ныййих ис, уыцы цæдты кæсагахсæн: Командир ын, цыма йæ хъуыды фембæрста, уыйау æм дыккаг хатт бацыд æмæ йын бамбарын кодта: — Бæрæг зонæнтæм гæсгæ станицæйы хорз бааууоигонд ],Ь1Ккæндты цæрынц бынæттон адæмæй чидæртæ. Се ’хсæн ис ^Радстджын æмæ фæлтæрд кæсагахсæг, ’ацы бынæттæ йæ (!}011дз æнгуылдзау чи зоны, ахæм. — Бамбæрстон дæ, æмбал майор, дæ бардзырд æххæст уь|дзæн, — ныфсджынæй загъта Гассийы фырт æмæ йæ хъуыд-. Дагма? бавнæлдта.Ь ^ • 'Цалдæр- сахаты-’фæстæ ссардтой кæсагахсæг зæронд лæ- Д>кы. Уымæ. уыдис,^зымæгон уавæрты хорз чи уыдис, ахæм Дынджыр кæсагахсæр хыз. Ацыдысгы зæронд лæг æмæ фæ- ’Чьпщзыиады ротæйы’ хæстонтимæ /салд цъыфдзастыты ’рдæм. Сæ амондæн ацы куыст разынд, куыд сæм кастис, уымæй бирæ æнцондæр. Афтæмæй фæкуыстой райсомæй суанг изæрдалыигтæм. 213
æрцахсгой бирæ кæсаг. Радтой сæ фæлындзынады ротæйы командирмæ. Уый фæстæ Гассийы фырт арастис бригадæйы команди- рмæ æмæ йын загъта, дæ бардзырд æмгъуыд рæстæгмæ æх- хæст æрцыдис, зæгъгæ. Уый нæм мидбылхудга>йæ бакаст, стæй йын афтæ зæгъы: < * — Сидын дын бузныгдзинад. æмбал Гассийы фырт. Иу- дзырдæн, иу боны дæргъы ’цæттæ кæсагахсæгæй агæпп код- тап. Æмæ йын йæ къух зæрдиагæй нылхъывта. 1943 азы 12 март. Ацы бои никуы рох кæны хъæбатыр хæстон Гасситы Ильяйæ, Ацы бон Черноярковскаяйы сæрыл фашистты ныхмæ бацайдагъ иууыл карздæр тох. Бригадæйы хæстонты хъæбатыр æмæ удуæлдай тохы фæстиуæгæн стаин- цае сæрибар æрцыд немыцæгтæй. Знаг та фæстæмæ алæууыд. Тохы быдыры Илья 2 хатты фæцис уæззау цæфтæ. Фæцыдис дзы бирæ туг, йæ бон рæстмæ дзурын нал уыдис, змæлып ин- нæ ахæм. Цыппар уырыссаг хæстоны йæ рахастой знаджы æхсты • бынæп. Чысыл хъилтæй сынтгонд ацарæзтой æмæ йæ ууыл, • дæлгоммæ хаудæй, райсомæй суанг изæрмæ фæхастой медпункты онг, уæлейæ, уæлдæфы ’ фашистон хæдтæхджыта*. зилахар кодтой, афтæмæй. Медпунктæй йæ бæхуæрдоиыл аластой Провæйы хъæумæ, уырдыгæй’ та — быдырон госпитал- мæ. Цалдæр мæйы фæстæ сдзæбæх, фæлæ комкоммæ фронтмæ, архайæг æфсадмæ æрвитынæн нал сбæззыд, йæ уæззау цæф- тæ йыл фæзындысты. Гъе, уæддæр рæнхъæй нæ рахызт. Сны- сан æй кодтой 80-æм хицæн автоцпстернæты бат’альоны кбман- диры хæдпвæгæй. Уыцы батальон æртагæй рæвдз кодта аме- ^рикæцаг автомашинæты колоннæты. Сæ фæндаг ’цыд Джуль- фæпæ Гсоргиевскы горæтмæ. Ацы куысты дæр та Гассийы фырт йæхи равдыста хорзæй, иудадзыг дæр æм бузныджы цæстæй кастысты йæ хистæртæ, бавдыстой та йæ ног хорзæх райсынмæ. . 1946 азы æрыздæхт æфсадæй йæ рангуырæн горæтмæ. Йæ* хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын у Сырх Стъалы- пы орден æмæ фондз майданæй. Æфсадæй æрыздæхгæйæ та райдыдта йæ уарзон хъуыд- даг. Уæдæй фæстæмæ æдзухдæр кусы Хуссар Ирыстоны паддзахадои пединституты физикæ-математикæйы факультеты деканæй, кæсы лекцитæ. Æмæ та ам дæр Гасситы Эдуарды фырт Ильяйы иузæрдион æмæ иамысджын куыстæн аргъ æр- цыд хицауады ’рдыгæн. 1961 азы хорзæхджын æрцыд «Куысты сгуыхтдзинады тыххæпч> ^юдалæй. Лæвæрд ма йын æрдыд Гуырдзыстоны ССР СæйрагСоветы ПрезВДиумы Кадытрамо- т’æ дæр. Т’охы хъæбатыр æмæ йæ куысты ’раззагоиæй ’зонынц йе ’мбæстаг адæм. ^
Днаноз Владил’Лф Гæбæраты Никъала ÆФСЫМÆРТÆ (аддзахы заманы йæ сидзæртимæ уæззау хъизæ- мар æмæ гæвзыккæй йæ цард чи æрвыста, уыдонæй уыдис Уели’ш хъæуы цæрæг Хъуылымбегты Мария дæр. Ие ’мкъай 1 ^бæраты Бесоимæ сын иумæ бирæ цæрын нæ бантыст. Пад- дзахы уæззау æфсондзы бын. æлдары ехсы цæфæн чи фæрæз- та, æвзонг лæппу уæззау, тыхкуыстыты рафтыдис, низ райста, ^ррынчын æмæ амардис. Æртæ æнахъом сабийы Платон, Диа- лоз æмæ Владимир баззадысты сидзæрæй, сæ мады æвджид заоронд тæдзгæ хæдзары афтид къуымты. Цард æгъатыр у, кæуын æмæ дзы тъизынæй ницы рам- булдзьшæ, йæ ныхмæ æппынæдзух куы’ нæ тох кæнай, уæд. Æх- сæв а?мв бон кæрæдзинае нал хицæн кодта Мария дæр. Иæ амондæн, æвзонг ,Йызгæй æдæрсгæ фæцахуыр цухъхъатæ æмæ куырæттæ хуыйыныл æмæ æхсæв уыдон хуыдта, бон та æх- ^уырсты мыздыл исджынтæн куыста быдырты. Нæлгоймаджы фмаз йын сылгоймаджы куыстæй хъауджыдæр нæ уыдис, код- та а^ппæт куыстытæ дæр æмæ цадæггай йæ сидзæртæн амал 215
кодта кæрдзыиы къæбæр. Иæ сидзæртæ тагъддæр банрæзы- ныл йæхицæн адджын ницы кодта, æнæвгъауæй хъардта йæ- уды. Цыдис рæстæг. Фæуæлахиз Советон хицауад. Фæзынды- сты колхозтæ. Советон хицауад, хи хъæбултау, барæвдыдта си- дзæрты. Марияйы сывæллæттæ дæр куыстхъом фесты. Цыды- сты фыййау. Кæд нырма уыйбæрц сæ бон нæ уыдис, уæддæо- сæхи’ æппæрстой колхозы куыстытæм. Хуым кæрдыны, нарт- хор рувыны æмæ æндæр куыстыты рог кодтой сæ ныййарæ* джы къух. Фæцæрдхъом ис Мария, сулæфыдис йæ рпуы дзаг. Йе ’рхæндæг зæрдæ рухс кæнын бандыдта. Дардæй йæм æндæв- той фидæны амондджын царды тынтæ æмæ сæм уый дæр быр- ста, гæрста сæм фæндæгтæ. Хъæуты фæзындысты скъолатæ,. фæскомцæдисон органнзацитæ æмæ сæм Гæбæраты сидзæртæ- дæр æнгом æрбалæууыдысты. Активон хайад истой фæском- ца\дисон куысты, Советон хицауад, колхозон хæдзарад сфидар- кæныны хъуыддаджы. Дианоз фыццаг ахуыр кодта Принеуы, стæй га Уелиты райдиаи скъолайы. Уый фæстæ 1926 азы бацыдис Цхинвалы педагогои техникуммæ æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæцис 1930' азы. Техникум фæуыны фæстæ ахуыргæнæгæй куыста Руста- уы æмæ Захъоры райдиан скъолаты. 1933 азы та.куыста Ау- неуы æиæххæст астæуккаг скъолайы директорæй. Педагогон- куыстмæ йын хорз æвзыгъддзннад кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ уæлдæрлæууæг органтæ акодтой Знауыры районы ,рухсады хайады сæргълæууæджы ’бынат’мæ æмæ дзы фæкуыста 193-1 азы августмæ. Уыцы иу рæстæджы ма уый ам куыста астæук- каг скъолайы ахуыргæнæгæй, æххæст кодта æхсæнадои куы- стытæ’ дæр.< • 1934 азы сентябры4уый йæ ахуыр адарддæр кæныны тых- хæй ацыдис Леиинградмæ ’æмæ ахуыр райдыдта Надеждæ Константнновнæ Крупскаяйы номыл Ленинграды ’коммунистон педагогон институты педагогикæйы факультеты. Æмæ йæ тынг хорз ’ бæрæггæнæнтимæ каст,,фæцис 1938 азы. Институт фæуы-' ны фæстæ æрыздæхтис йæ’райгуырæн Ирыстонмæ æмæ фын- цаг куыста Сталиниры. педагогон техникумы, стæй та Боржо-' мы педагогон ахуыргæнæндоны исторп æмæ педагошка^йы. ахуыргæнæг æмæ ахуыры хайады сæргълæууæгæй. . . ^" > у Зиулеты астæуккаг скъола каст фæцис’ Владимпр ^дæр. æмæ .куыста Знауыры районыч’фæскомцæдисы райкомы, райо- ны:*финансон халады, стæй та Хъорогъийы хъæуы колхозы- сæрдарæй. " Цард, дам, тæбæгъы донæй хъауджыдæр нæу, чердæм фæ- 216'
къул уа, уыцырдæм / кæлы. Цард фæкъул ис Марияйы хæ-- дзармæ. дæр, цардимæ раивта йæ зæрдæйы уаг, йæ хуыз скалд- та рæстæмбис кары сылгоймаг. Райхъуыстис йæ хæдзарæй чындзæхсæвты зарын к. æмæ ; кафын. . Йæ фырттæ иууылдæр банстьг бинонты хицауу. сбирæ сты хъæбулы хъæбултæ æмæ- сæ цинæй,сæуындæй" æгæрдæр ма срухс ис йæ зæрдæ. Дианоз Боржомы пёдагогон ахуыргæнæндонæй ацыди æф- садмæ. Иу цъус ’рæстæг ацахуыр кодта Квишхеты афицертьь скъолайы, æмæ хайад иста цьшпæрæм Украинаг фронты контр- разведкæ «СМЕРШ»-ы управленийы. Йæ фыстæджытæм гæсгæ хайад нста Сталинграды уæз-: зау тохты. Ам ,дыууæ хатты фæцæфтæ, хуыссыдис госпиталы æмæ куы сдзæбæх, уæд æй сæрибар кодтой æфсадæй, фæлæ- не сразы, фæстæмæ аздæхт фронтмæ йе ’мбæлттæм. 1944 азы октябры йæ фæстаг фыстæджы афтæ фыста: «Мæхæдæг дæр- нæрын сæрæгас, æиæнизæй. Ныртæккæ дæн фроиты. Ссæрибар кодтам Польшæйы бæстæйы æмæ ныр та сæрибар кæнæм Че- хословакийы. Сурæм æмæ куынæг кæнæм Германы фашнстон æфсады, сæ гæппыл цæст дæр нæ хæцы. Уæ зæрдæ мæм ма хсайæд. Хæст куыддæр фæуа (тагъд фæуыдзæн), афтæ а*нæ- мæнг ацæудзынæн. Мæ бæсты бирæ фæпъатæ кæнут Свети- кæн». (Светланæ — йæ чызг — Дианозы æфсадмæ цы бон акод- юй, уымæн йæ дыккаг бон райгуырдис). Лцы фыстæгæй иу мæй дæр нæ рацыдис, афтæ Гæбæраты хæдзар сау гæххæтт райста. Дианозæн йе ’взонг уд ахуыссыд, оанцадис йæ кусынæй Чехословакийы зæххыл немьшаг фа- шнстты ныхмæ хъæбатыр тохы. «Зынаргъ Мария Шамелы чызг! Уæ фырт, гвардийы лейтенант Гæбæраты < Дианоз Висса- рионы фырт, æнувыдæй æххæст кодта йе ’фсæддон ардбахæрд. Социалистон райгуырæн бæстæйы сæрыл тохы равдыста стыр хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад. Йæ хæстон хæс æххæст кæ- ныны рæстæджы уый хъæбатырæй мард фæцис немыцаг фа- шистты ныхмæ тохы 9 ноябры 1944 азы. Марды буар ныгæд æрцыд æфсæддон цытимæ Польшæйы зæххыл Саноксы уезды, Краковы губериийы Зарубайы хъæ- уы 378 бæрзæкд.ыл. Ацы документ уæм æрвитæм, пенси уын цæмæй снысан кæ- ной, уый тыххæйЛ Украинæйы Цыппæрæм фронты контрразведкæ «СМЕРШ»-ы- управленийъг хистæр ■ инæлар-лейтенант Ковалчук. Кадрты хайады хистæр булкъон Горышков». Фыдохы хабар айхъуыстис ’ хъæубæстыл, хæстæджытылт 217
•фæлæ йæ Марияйæн нæма хъæр кодтой. Стæй уæд Владими- рач"[ дæр кицы хабар уыдис. Владимир хайад иста Керчы уæз- зау тохты-æмæ та уымæй дæр уырдыгæй æрцыдис сау гæххæтт. Æрæнкъард, смадзура сты Гæбæраты бинонтæ, Марияйы сусæгæй ’ дзынæзтой, сæ цæссыг мызтис донау, кæдмæ сусæг дардтаиккой дыууæ салдаты мæлæт?! Уæдмæ хæст дæр фæ* цпс. Советон хæстонтæ уæлахизæй æрыздæхтысты сæ хæ- дзæрпæм, фæлæ Марияйы хæстонтæ куы нæ зындысты, уæд ма йын æй цы зонын хъуыдис, бæлвырд бамбæрста йе на- монддзинад, æмæ ныййарæджы зæрдæ нал баурæдта з?вир- хъау хабар... *
Джиоты Соломан НÆ ДУДЖЫ АККАГ ■ вæджиау стыр роль сæххæст кодтой хæсты быдыры не ’фсады автомобилон æфсæддон хæйттæ æмæ дæлхæйттæ фронтмæ алыгъуызон уæзтæ — хæцæнгарзæй суанг уæлæдарæс æмæ хæлцады уонг — æвæстиатæй ласыны хъуыддаджы- Уы- доны ’хсæн уыд не ’мзæххонтæ дæр æмæ сæ иуы тыххæй хъуа- ма? зæгъæм нæ ныхас. ’Дзырд цæуы, цард æмæ тохы гуылфæиты ныфсджынæй чи ленк кодта, уыцы Уарданыл. Гæбæраты Яковы фырт Уар- дац:райгуырд 1914 азы Знауыры районы Уелиты хъæуы. Иæ райгуырæн хъæуы райдиан скъола каст куы фæци, уæд иучысыл ацахуыр кодта Зиулеты колхозон фæсивæды скъолайы, стæи ;та йæ царды улæнтæ ахастой Цхинвалы пе- дагогон техникуммæ. Æвзонг лæппуйы бирæ хъуыды кæнын бахъуыд *йæ дарддæры хъысмæтыл. Ногæй та ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы геологон-сгарæг техникуммæ 1936 азы. Уын æмрæстæджы ахуыр кодта шоферты къурсыты дæр. Ам ас- къуыддзаг ис æвзонг Уарданы хъысмæт: шоферы къурсыты кæй 219
ахуыр кодта, уый ^вдн сбæззыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдырты. Гитлерон лæгхортæ нæ Райгуырæн бæстæмæ куы ’рба- бырстой, уæд Уардан 25 июлы ацыдис æфсадмæ. Се ’фсæддон хай уыд Гу’ры. Уырдыгæй сæ уайтагъд арвыстой Иранмæ. Теб- ризы горæтмæ ’ввахс фесты иу цасдæр рæстæджы, сгæй сæ рарвыстой Сухуммæ, уырдыгæй та Туапсемæ. Уардан уыд 20-æм æхсæг дивизийы 409-^æм,-,авторотæйы шофер. Туапсеиы иу цалдæр боны баулæфыны ф’æстæ дивизи æфцæгыл ахызт Кубаны быдыртæм. Уæдмæ не ’фсæдтæ гит- леронты фæтардтой Кавказы хæхтæй.. Ныр. та сæ фæсурьиг хъуыд Кубанæн дæр, стæй та Советон бæстæйы арæнтæй. Уæззау æмæ карз тохтæ сцырын сты Краснодар ссæрпбар- кæныныл. Раст ын ам сбæззыд йæ равзаргæ дæсныйад Уар- данæн знæгты ныхмæ тохы. Авторотæйы хæстонтæ равдыстой æнæфенгæ хъайтардзинад: карз тохтæ домдтой бирæ æндæр^ æмæ æндæр хæцæнгæрзтæ, хæлцад, уæлæдарæс, къахдарæс. Уыдон ласын хъуыд рæстæгыл, æвæстиатæй куыд горæтæн йæхимидæг, афтæ йæ алыварс тохтæм дæр. Стæй уырдыгæй та раласын хъуыд цæф хæстонты. Ам нæ уыд фæстиатгæнæн. рæстæг дзæгъæлы сафæн. Архайып хъуыд цырд æмæ арæхст- джынæй, уымæи æмæ знаг алцы мадзæлттæй дæр тырныдта. цæмæй бакъуылымпы кодтаид авторогæйы куыст æмæ не ’фсæдтæ баззадаиккой æнæхæцæнгарз, æнæхæлц, æнæдарæс Гитлеронтæ æнауæрдонæн æхстой нæ авторотæйонты, фæлæ махонтæ сæхион кодтой. Фронтмæ уæзтæ ластой, фылдæр æх- сæвыгон. Уардан йе ’мбæлттимæ равдыста стыр хъæбатырдзинад. Ацы тохты рæстæджы æртæ хатты ныппырх йæ машннæ зна- джы бомбæтæй, фæлæ та-иу æй цырд сарæзта æмæ æххæст кодта йæ хæстон хæс, кæд мæлæт алы уысм дæр йæ уæлхъус лæууыд, уæддæр. Краснодар сæрибар æрцыдис фыдгул знаджы дзæмбытæй,. рог сулæфыдысты уым хайадисæг хæстонтæ æмæ цæрджытæ., Советон хпцауад ссардта алкæй ном дæр.- Йæхи хъæбатырæн чп равдыста, уыдон хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй. Уарданыдæр схорзæхджын кодтой Хæстон сгу/ыхт- дзинæдты тыххæй майданæй. Красиодар ссæрибар кæны’ны фæстæ 20-æм дивизи æрлару- уыд хъахъхъæнынадон тохты. Иуахæмы дын гитлерон дивер- сион къорд сусæгæй æрбахъуызыд æмæ минæтæ æвæрдта мах* фæндагыл. Уардан æмæ; сæ йе ,/мбæлттæ бафиппайдтой. Уæд] фрицтæ уыдысты цыппар. Уар^нитæ сæ машинæтæй, æргшп>- иытæ кодтой æмæ сæ автоматтæй æхсын райдыдтой. Зпæтт& сæ мæлæт ссардтой уым. Махуæттæ- фæндагыл азылдыеты æК1æ дзы ныгæдæй ссардтой, знæгтæ цы '.мигæтæ нывæрдтон. уыдои. - 220
Ацы хъæбатырдзинады тыххæй Уардан хорзæхджын æр- цыди дыккаг хатт Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй майданæй. Уый фæстæ та тохтæ сытынгысты станицæ Абинскаяй.æ Таманы ’рдæм здæхты. Дзæвгар фæцагъдис фашисттæй. У(ыцы уæззау тохы гуылфæнæй æвæстиатæй раласын хъуыд советон цæф хæстонты. Кæд йæ удæн тас уыдис, уæддæр Уарданæн бантыст хъæбатырдзинад ,æмæ лæгдзианд равдисын — нæ и^(р .хæстонтæ уый фæрцы раирвæзтысты хæсты быдырæй æмæ сæ рæстæгыл фæхæццæ кодта медсанбатмæ. Ам Уардан хорзæхджын æрцыдис ногæй Хъæбатырдзинады тыххæй май- данæй. \ Хæсты цалх тылд ныгуылæны ’рдæм. Цадæггай сæрибар кодта нæ уарзон советон зæхх тугцъир фашисттæй. Знаг лыгъ- ди фæстæмæ, фæлæ, цæф сырдау, йæхи æнцонæй нæ лæвæрд- та, нæ ауæрста цыфæнды фыдмитыл дæр. Уардан йе ’мхæстон- тнмæ лæгæрста размæ, хайад иста иуæй иннæ уæззаудæр тох- ты. Бахæццæ Минскмæ, Брестмæ. Варшавæмæ, Берлинмæ, Прагæмæ (дивизийы-иу æрвыстой иу фронтæй иннæмæ, кæм тынгдæр хъуыд, уырдæм). Варшавæй,ы цур тохты Уардан куыста’ сæ дивизийы шта- бы машинæтæй сæ иуыл. Йæ машинæйыл-иу уыдысты дивизи- йы тырыса æмæ алыгъуызон сусæг документтæ. Иу уæззау- тохы махуæттæ абырстой размæ, ахызтысты иу чысыл цæугæ- доныл,, фæлæ фашисттæ æрбакалдтой бирæ æфсад æмæ хæ- цæнгæрзтæ. Тас’ уыди æрхъулайы бахауынæй. Уымæ гæсгæ махуæттæ фæстæмæ ралæууыдысты. Æрмæст Уардаиы ма- шина? æмæ иу бронетранспортер уыдысты, рахизæн кæ- цæй нæ уыд, ахæм ран. ’Дивизийы штабы 4-æм хайы хистæр л1айор Городков катайы • бахауд (уый дæр ацы машинæйыл уыд). — Уæдæ Ц,ы чындæуа? — афарста Уарданы, — знаг дард нал у, æмæ тас у тырыса æмæ документтæн. — Æмбал майор, ам ис æрмæстдæр иу гæнæн: æвæстиа- тæй-’хъæуы хид ацаразын. Дыууадæс стæм æмæ йæ цырд аца- раздзыстæм, — дзуапп радта Уардан. Хæстонтæ æцæгдæр фæцырдысты, уайтагъд бæлæстæ ра- калдтой æмæ æрдæг сахатмæ хид ацарæзтой. Уæдмæ неад’ы- 1;а?г.т1æ^ дæр’æрбаввахсдæр сты. Ихуарæгау калдысты знаджы иæмгуытæ, 'ф'æ!пæ махуæттæн бантысгис раирвæзын ацы тæс- саг уавæрæй’уыцы хиды фæрцы. Майор Городков ацы хабар дивизийы командир булкъон ШапошниковæнТкуы радзырдта, уæд ’ын загъта, цæмæй Гæб]æ|- райы фырты æрбавдиса хицауа’дон хорзæх райсынмæ. Æцæг- дæр ацы-; арæхстдзин’ад æмæ '’хъæбатырдзинады тыххæй Уар- дан хорзæхджын æрцыдис С’Ьтрх Стъалыйы орденæй. — Дивизийы тыр’ысайæн,' ’ ’стæй уый æппæт сусæг доку- ^менттæн цы стьф нысанйуæг ис, уый тыххæй:иу алььхæстонæн 221
дæр дзырдтой нæ командиртæ раздæр. Æз дæр æй иу æмæ дыууæ хатты. нæ фехъуыстон. Фæлæ сæ зиаджы дзæмбытæм ма бауадзыны тыххæй хицауадон хорзæхы аккаг суыданн, ууыл хъуыды дæр никуы акодтон, — дзуры Уардан. — Мæн»- мæ æрмæст орден райсыны фæстæ бахъардта’ не штабы 4-æм хайы хистæр майор Городковы тыхстдзинад, знæгтæ нæм куы бырстой, уæд. Уардан хæст фæци не ’фсымæрон Чехословакийы зæххыл 1945 азы майы мæйы. Йæ уарзон Ирыстонмæ æрыздæхтис 1946 азы марты мæйы. Абон уымæн йæ риуæй æрттивынц Сырх Стъалыйы орден æмæ дæс майданы. Дзæвгар ын и» Уæлдæр Хистæркомандæгæнæг И. В. Сталины арфæйы гæх- хæттытæ дæр. Æцæгдæр нæ дуджы аккаг фырт у Уардан. Уый цыт æмæ кадимæ сæххæст кодта йæ уарзон фыды зæрдиаг фæдзæхст. , Уардан æфсадæй куы ’рыздæхтис, уæд та ногæй æрæв- иæлдта сабырадон куыстмæ. Фыццаг кусын райдыдта Къуай сай]ы æрзæткъахæн куыстуаты базæйы сæйраг механикæй æмæ дзы цæсгомджынæй фæкуыста цалдæр азы дæргъы. Бирæ хорз- дзинæдтæ сарæзта уып ацы ахсджиаг куыстуаты æмæ-иу арæх иста лæвæрттæ. Куыстуатæн уыдис æрмæст иу трактор. 1950 азы зымæджы трактор Елхъанты хъæуы цур фæндагæй ахауд дæлбылмæ. Хъуыди йæ уырдыгæй æвæстиатæй сласын, фæлæ куыд, уæззау уыд, æмæ йæ цæмæй сластæуыдаид? Уарданæн бахæс кодтой ацы ахсджиаг æмæ бæрнон хæс. Уый хъуыддлты ацыд: уæззау у трактор, автомашинæ пæ не сфæраздзæн... Фæ- лæ та йын ам дæр баххуыс кодта фронтон фæлтæрддзинад. Уый æрымысыд цахæмдæр блоктæ æмæ уыдон фæрцы ма- шинæйæ фæндагмæ сласта трактор. Къуайсайы куыстуаты къухдариуæггæнджытæ ацы стыр хæрзиуæгæн скодтой æмбæ- лон аргъ: Уарданæн балæвар кодтой уæ^’ы æхцайæ 1500 сомы. Уый фæстæ Уардан куыста горæххæсткомы хæрзарæзтадьг транспорты хистæрæй æмæ ныр иуæндæс азы дæргъы та кусы областон бастдзинады управленийы транспорты хистæрæй. Ам дæр та намысджынæй æххæст кæны йæ хæстæ æмæ дзы буз- иыг сты йæ хистæртæ, йе ’мкусджытæ. Уардан у æмгæртты уарзон адæймаг. Уарданæн йæ фронтон хæлар, йæ ротæйы командир Туру- тин Александр Иваны фырт дæр раджы æрцыди æфсадæй æмæ пæры горæт Сухумы. Уый дæр, Уарденау, у бастдзинадьт .управленины транспорты -хистæр. Дыууæ фронтон хæлары арæх абæрæг кæнынц сæ .мæрæдзи. Æрымцс^шц сæ фронть? хæстон хабæрттæ æмæ сæ сыкъайы дзагæй зæрдиаг арфæ^ фæкæнынц Советон Цæдисы :Коммунистон партийæн, фа.ши: стон абырæгон æфсæдты кæронмæ ныддæрæн кæнынмæ сове- 1ТОН адæм’ы чи сорганизаци æмæ сразæнгард кодта, не стыр ^ ^уæлахиздзинад нын чи сифтонг кодта, уымæн. ^
Асаты Реуаз ГÆЗЗАТЫ ЕЛИОЗ, МÆ ХÆСТОН ÆМБАЛ! емæ’æргомæй рагæй цал æрныхас?кодтон. Цыппар æмæ ссæдз азы. Æмæ, æвæдза, ныхас дæр куыд кодтаин^ 1945-æм азы фæззæджы фыдвæззæг фæдæ. Æнцойад кæныс Галуанты хъæуы. Афтæ уыдисдæ фæдзæхст. Дæ бирæ æрд* хæрдтæй сæ иуы райгуырæн уæзæг равзæрстай æнустæм. Æмæ ныр уым дæ уæлмæрды сæрмæ цы бæлас лæууы, уый дыл йл> фæззыгон сыгъзæрии сыфтæртæ калы æмæ.тауы иугай-дыгай. Дæ фыды ’фсымæр Залыкъа мæм æрбахаста дæ планшет — дæ фарсылдарæн гæххæттæвæрæн сæракæй хызын. 1942 азы 4-æм январы карз хъызты Сомихстонмæ, горæт Ленинаканмæ, 45-æм армийы 61-æм фистæгæфсæддон дивизийы 221-æм æхсæг полкмæ куы ’рцыдтæн æмæ санитаронхайы демæ куы базон- ,гæ дæн, уæд дæр’ уыцы планшет фидыдта дæ иу уæхскæй де- ’ннæ фарсмæ ауыгъдæй. Бæрзонд, хæрзкоид, рæхснæг, онгджын, 23-аздзыд лæппу^.уыдтæ. Дæ кæрдæггъуыз цъæх петлицæтыл дыууæ кубикьгйуконд. Де ставд^’’æнгуылдзтæй мын мæ къух зæрдиагæй нылхъывтай æмæ -худæндзастæй загътай: ’— Гæззаты Елызбар (уыцыг ном дæм ху’ыздæр каст). Иу дыууæ мæйы фæстæ дæ арвыстой Дагъестаны АССР горæт Буйиакскмæ. Уым 1942 азы райдианы арæзтой гуырдзи- 223
.аг кационалон дивизн æмæ дзы медицинон кадртæ хъуыдис. Тагъд фæхицæн стæм, кæрæдзи æххæст æввахсмæ зонгæ дæр нæ бакодтам, афтæмæй. Арæх мæм фыстай фыстæджытæ. Би- рæ ра^стæг рацыд уæдæй. Æмæ ныр мæнæ мæ разы ис дæхи къухæй фыст автобио- графй: ...Æз, Гæззаты Никъалайы фырт Елиоз, райгуырдтæн 1918 азы Дзауы районы Уанелы хъæусоветы Хуссар Ципраиы хъæ- уы. Мæ ныйнарджытæ Октябры" революцийы размæ дæр код- тох зæххы куыст. 1935 азы бацыдысты колхозмæ. Хъæууон райдиаи скъола каст куы фæдæн 1933 азы, уæд бацыдтæн Знауыры районы Аунеуы хъæуы æнæххæст астæук- каг скъоламæ æмæ йæ каст фæдæн 1936 азы. Дарддæр аху.ы’р кодтон Сталиниры медтехникумы æмæ йæ фæдæн 1940 азы. Уыцы азы сæрдæй суанг 1941 азы октябры фæудмæ фæкуы- стон Сталнниры районы Бихъары медпункты гæсæй. 1941 азы 29-æм октябрæй 1942 азы 10-æм мартмæ служ- 6æ кодтон 61 -æм æхсæг дивизийы 221-æм æхсæг полчы хистæр æфсæддон фельдшерæй. Уыцы азы 15-æм мартæй абоны онг (ома автобиографийы бын цы бон фыст ис, уæдмæ) та — 414-æм æхсæг дивизийы 518-æм хицæн медицинон-санитарои батальоны хистæр æфсæддон фельдшерæй». ’ , Гъе, уый у дæ цыбыр царды, ахуыр’ы, куысты æмæ тохы фæндаг. Уæд æз нæ зыдтон, кæцы æфсæддон хаймæ ацыдтæ махæй, фæндараст дæр дæ нæ акодтон. Афтæ дæр вæййы æф- сæддон службæйы. Фæлæ ныр мæ разы сты дæ хæстон æм- бæлтты нывтæ. Фæзылдтæн сыл, фæрафæрс-бафæрс сæ код- тон. Æмæ æмдзыхæй кæнынц ’æрмæстдæр дæ хорзы кой: хæ- ларзæрдæ, хъæлдзæг,' тохы хъæбатыр, ныфсхаст... : Ленинон фæскомцæдисы райгуырæн бон райдыдтай де "фсæддон службæ. Дæ цæхæр зæрдæйы куыстмæ хъуыста дæ фæскомцæдисон билет. Фæхастай.йæ Кавказы хохрæбынтæй суанг Хъырымы бæстæм мæлæт æмæцарды ’хсæн уæззау туг- калæн тохты ’æмæ йæ ’фæстæмæ дæ райгуырæн Ирыстонмæ ’рхастай, ’дæ карз сомы æмæ ардбахæрд цæсгомджынæй сæх- ха^ст кæныны нысанæн.- Дæ билеты фæныкгъуыз цъæх цъар/ыл В И. Леннны æнæмæлгæ фæлгондз. Рафæлдæхтон ын йæ фыц- ’цаг фарс. Кæсын: бацæуыны аз 1937». Иæ-къух ыл .* фыссы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты -зынгхуыст хъайтар; фæскомцæди- ’сы Хуссар Ирыстоны "раздæры’’фыццаг секретарь Бестауты 'Суликъо. ’ ■.: <1\^ -;г 7г' Уæнгон фидтонтæ ’кæм .нЫ’сан кæпынц, уыцы .фæстаг сы- ’фæй бæрæг у, Коммунистон па^ийы рæнхъытйем 1943 азы фррн- ты кæй бацыдтæ, уый. Уæд Л*-бацыдтæн, мæ’ хæлар, æз Й’æр лартимæ хæсты быдыры. Æмй" Кубакы зæххыл кæмдæр хæрз æввахс трх кодтам Таманыæрдæгсакъадах гитлерон сырдтæй ссæрйбар кæныны сæрыл, фæлæ иынуæд’иы зыдтам, кæрæдзи- 'ч224
мæ афтæ ’ввахс уыдыстæм, уымæн. Ды горæт Новороссийскмæ бырстай Сау денджызы ’рдыгæй, æз — Хурныгуылæны ’рлы- гæй. Кубаиы стыр станицæ Крымская иумæ сæрибар кодтой мæ 61-æм æхсæг дивизи æмæ ’ дæ 414-æм дивизи. Фæлæ мах тохы быдыры кæрæдзийыл нæ сæмбæлд[ыстæм. Дæ документтæй, дæ фыстæджытæй æмæ дæ рапорттæй куыи зыны, афтæмæй фронтмæ дæр а^ыдыстæм иу рæстæджы — 1942. азы августы. Ды æд хæцæнгарз сæрибар кодтай Цæгат Ирыстоны зæхх, Мæздæджы цур, æз’ — хъахъхъæдтон Фæс- кавказмæ, нæ райгуырæн Хуссар Ир’ыстонмæ хæхтыл æрба- хизæнтæ. Æз ныр зонын, уæ 414тæм Таманы номыл гуырдзиаг æх- сæг дивизи æндæр æмæ æндæр рæстæджыты фыдызнæгт;ы ныхмæ лæджыгъæдджынæй кæй тох кодта 44, 40, 58, 18-æм армиты сконды, стæй.та инæлар-булкъон И. Е. Петровы кц- мандæкæИынады бын Приморьейы хицæн армийы рæнхъыты. Бнрæ хъайтарон хæстон стæрты райстай ды хайад дæ дивизи- йы хæстонтæ æмæ афицертимæ иумæ. < Краснодары крайы стыр • станицæ Петровскаяйæн хурны- т уылæнырдыгæй, Черноярковскаяйы хъæуæн хурныгуылæн- хурскæсæн фарс хъамылджын - цъыфдзæстыты былыл уæвæг Калабатка^ы хъæу гитлеронтæй ссæрибар кæныны сæрыл карз, æнæмсæр тохты æнæкæрон хъæбатырдзинад равдыста уæ 518-æм медицинон-санитарон дæлхай дивизийы хистæр дохтыр Давид Мосидзе^ æмæ батальоны командир Акакий Данелия&ы арæхстджын разамындæй. Батальон .размæбырсæг дивизийы хæдфæстæ ’цыдис станицæ Гривенскаяйæ Калабаткайы хъæу- мæ. Знаджы тыхджын ныхмæлæудьь уæлдай’ ма уæ раз^ы слæу- уыд æрдзон ныхдуртæ — æмвæтæн цъыфдзаст хъамылтæ. Ахæм уавæрты уе ’ккой хастат медицинон дзаумæттæ æмæ цæфтæн æххуысы .æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ. Уыцы зын стæры уæ алкæмæ дæр хаудта фæйнæ 22 килограммы уæзæн хæссинæгтæ. Уый йедтæмæ ма, сылгоймаг дохтыртæ æмæ ме- дицинон хоты хъауджыдæр, нæлгоймæгтæ хастой * нæмгуытæй йедзаг^асыччытæ. • ’’ Афтæмæй уæ медсанбат Прорвенскмæ бахæццæ æмæ уым. æвæстиатæй- æрбынат кодта. Батальоны. 10 ^ дохтыры, медици- нон хотæ, санитартæ æмæ æфсæддон фельдшертæ, уыцы ны- мæцы, мæ хæстон æмбал Елиоз, ды дæр,' æхсæвæй-бонæй æнæ* хуыссæг, æнæбаулæфгæйæ, æхх>(ыс : кодтат цæф хæстонтæн. Æрмæст цыппар’^боны дæргъы уæ медсанбат райста æмæ ме- дицинон æххуысКбакодта 635 адæймагæн. Уыдонæй бирæтæ уыдыстыгæндæр^йефсæддон хæйттæйГ’УЫмæн æмæ? Калабатка,- мæ’ бахæццæ ис^æрмæст уæ ба.та'льон ’’ æмæ хъуамæ æххуыс кодтаид 58-æм армийы рахиз флангыл тохгæнæг æппæт диви- зитæн дæр. Дæ планшеты уæвæг нывты ’хсæн æз, базыдтон æфсæддоп 15* 225
дохтыртæ Гоги Сургуладзе (фæсхæст ыл сæмбæлдтæн Каспы цур поэзды), Габриел Агабабяны. Уый йæ нывы чъылдымыл фыссы: «Æнустæм зæрдылдарынæн мæ хорз æмбал Гæззаты Елиозæн. Ш-æм рангы æфсæддон дохтыр А. Агабабянæй.21.2. 42 аз». Дæ нывты ’хсæн ма- ис, ирон нымæтын пака худьг хуызæн шляпæ кæуыл фидауы, ахæм рæсугъд, æвзонг чызг — æфсæддон фельдшер Венера Каландадзе. Уый дæр уыдис да? санбаты кусæг æмæ фæсхæст йæ фронтон мысинæгты фыссы: «Мах уыдыстæм знæгты æрхъулайы. Æдзух нæм мæлæт йæ зыд цæстæй кастис: зæххыл танкæтæй, уæлдæфы та — бом- бæтæй. Бирæ хæттыты лæууыдыстæм мæлæты тæссагдзинади- мæ ныхæй-ныхмæ, фæлæ хъуыды дæр никуы акодтам уымæн исчердæм алидзыныл, — цæфтимæ иумæ уыдыстæм».1 .Уæраджы сæрмæ < дон æмæ лæхъир цъыфы змæлгæйæ^ фылдæр хатт стонг, уæхиуыл нæ ауæрстат де ’мбæлттимæ, æру- лæфт, æрхуыст нæ зыдтат, афтæмæй дæс уæззау æвирхъа^ бои æмæ æхсæвы дæргъы хъæбатырæй архайдтат Калабатка- йы хъæуы цур æкахуыр карз тохты. Дæтты, хъамылты, цъыф- дзастыты агуырдтат советон цæф хæстонты (бирæтæ-иу дзы дæлдон дæр фесты) æмæ сæ 10—15 километры дæрддзæгæн у;ъ уæхсчытыл хастат быдырон госпиталтæм. I • Дæ хæстон цардæй махонг фæхæццæ ис бирæ цымыдисаг эпизодтæ. Мæнæ дзы сæ иу. Калабаткайы нæ цæф хæстонты’г бабæстрн кодтат’ :йу бæстыхайы: , Фæлæ сæ гитлерон сырдтæ, базыдтой’, ,æрбахъуызыдысты æмæ бæстыхацыл хъуамæ арт. бандзæрстаиккой. Уыцы дуджы лейтенант, коммунист Лагви- лава йæ гуыбыны .цъарыл цырд бабырыд, немыцаг афицерма-* æмæ йæ комкоммæ фехста. Амардта ма^дзы 6 автоматчикы,. иннæтæ лидзынмæ фесты. Советон цæф хæстонты мæлæтæй аирвæзыны сæрыл уыцы тохы иттæг расгуыхтæ ды дæр. Уый тыххæй дæ, нæ командæкæнынад схорзæхджын кодта «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» майданæй. Лæвæрд дъш æрцыд ме- дицинон- службæйы хистæр лейтенанты ном. Фæстæдæр та райстай Кавказбахъахъхъæныны тыххæй майдан. Таманы æрдæгсакъадах соæрибар кодтат. Уæ дивизийæн ССР Цæдис’ы Сæйраг Советы Президиум саккаг кодта Сырх Тырысайы орден. Сæйраг Хистæркомандæгæнæг И. В. Сталии та йын йæ бардзырдæй радта Анапайы ном. Уæ 414-æм Анапайы номыл гуырдзиаг æхсæг дивизи Хъы- рымы æрдæгсакъадах фашисттæй ссæрибар кæныны хъуыдда- джы дæр райста стыр хайад.;; Æппæт хæстон хæслæвæрдтæ сæххæст кодтат лæджыгъæдджын æмæ цæсгомджынæй. Хъай; тар Севастополь ссæрибар кæныны сæрыл т^урæгъон сгуы^т- дзинад равдыстой Советон Æф.саДы хæстонтæ æмæ афицертæ, ’ ’, I !,« 1 к 1 Москва, Гос. архив Октябрьской революцнч и социалистического строительства, д. 2544, оп. 1, ед. хр. 21, л. 26. 226
уыды иымæцы, уæ дивизийы цы 321 ирон бæгъатыры уыднс, У1ЫД0Н дæр æмæ се ’хсæн, кæй зæгъын æй хъæуы; ды’’дæр/Уый" тыххæй уæ 1944 азы майы бирæтæн сæ риутæй тæмæнтæскалд-' той уæлдæр хæстон хорзæхтæ: Сырх Тырысайы, Сырх Стъалы- ]1Ы, Фыдыбæстæйон Хæсты ордентæ... " ; /.\ Дæуæн та, Елиоз, мæ хæстон æмбал, Райгуырæн- бæстæ да^ риуыл басагъта Сырх Стъалыйы орден æмæ Сё&астополь ссæрибар кæныны тыххæй майдан, "’ -,'.*. ,,' Фæлæ Хъырымы, Севастополы фæцис дæ хæстон фæндаг.., ...Фарон сæрды фæзылдтæн Хъырымы зæххыл,. ’нæг рагон фыдæлтæ-алантæ ХП-æм æнусы кæрон зæххыбЫн горæт кæм сарæзтой æмæ сæ фæстагæттæ, сымах уæ фæстаг сулæфты рнг хъæбатырæй кæй хъахъхъæдтат, уым. Уым ис, мæ зынгхуыст Хс7зстон æмбал, дæу æмæ де '^ыстæг ирон лæппуты т)>джы ’ртæхт-æ дæр. Æмæ абон уыцы æвæджиаг зæххыл . сæууон - -уд^ дзæфмæ æмæ зæрæхсиды зызынмæ фæйлауынц рæсугъд сырх дидинджытæ... Нæ, ды мард нæ фæдæ у>щы зæххыл. Ды раздæхтæ ?Съы- рымæй дæ райгуырæн Ирыстонмæ. Нæ, æрдæгвæндагæй нæ раздæхтæ, кæд ма 1944 азы августæй 1945 азы 9-æм майы Уæ- лахизы бæллицаг бонмæ афæдзы - бæрц хъуыдис, уæддæр, «Уымæн æмæ ды дарддæр тох кодтай æнæуынгæ хæстимæ, цы- фыддæр знаджимæ — фронтæй æрхæсгæ рæуджыты уæззау низимæ хæцыдтæ æнауæрдонæй. , Мæнæ дæ куырдиæттæ облæнæниздзинады хайадмæ Аба- стуманмæ хоскæнынмæ арвитыны тыххæй, курыс продуктт^1 карточкæ (уæд ма зын рæстæг уыдис). Дæ низы хатты исто- рийы гæххæтты чъылдымыл фыссыс: макаронтæ—30 ’ г, га- рачъи — 20 г, фыдызгъæл — 76 граммы. Иæ фарсмæ та, дæхицæн дæхи къухæй цы хосы рецепт рафыстай, уый. О,. хъуыдис дæ хос дæр, хæрд дæр— Фыдыбæстæйон хæсты фыц- цаг къорды инвалид æнæхъуад>кы нæ уыдтæ мыййаг. Кæсын дын дæ гæххæттытæм æмæ дыл мæ зæрдæ риссы, сног та ис мæ зæрдæйы зæронд судзгæ хъæдгом. Æмæ.мæ хъусты, фæ-. дисау; ныззæлыд зæрдæйы фæндон: — Дунейы .фарн нæ бахизæд, æмæ ма искуы æрцæуа ахæм. фыд-заман;* ахæм æвирхъау хæсты фыддуг! Нæй,1'вал æй æруадздзыстæм, — фидар зæгъæм, Цæмæйл1æ нæ кæстæртæ нал феной, нал. Дæ рухс номæй абон мах сомы кæнæм, ; О; ме’^рдхорд Елиоз, мæ хæстон æмбал!.. ■■ Ъ
Гаглойты Владимир, Пухаты Алыксандр ХЪЫСМÆТЫ ФЫДÆНÆН 1айдзаст, хæрзæфснайд хатæны къаннæг фыссæн стъолы фарсмæ бады ныллæггомау, фидæрттæконд нæлгоймаг æма^ хъавгæ фæлдах’ы цъæхцъар альбомы сыфтæ. Æнæдзур- гæйæ нымдзаст вæййы хæсты быдыры талф-тулфæй ист къам- тæм. Сæ бынты цыфыстытæ ис, уыдон гæзæмæ фæбур сты, ранæй-рæтты рæстмæ иал зынынц. Фæлтæрд хæстоны зæрдыл та æрлæууыдысты йæ фронтон æмбæлттæ. Алы къамæй дæр æм æдзынæгæй кæсынц фæллад, хуыссæгцух цæстытæ. Сæ мæллæг цæсгæмттыл зынынц, ,мæт: æмæ сагъæсы нысæнттæ. Æгшынфæстаг, фæкомкоммæ, /’инæларимæ ’ иумæ ист кæм у, уыцы къаммæ æмæ йæ мидбылты бахудти. .', Инæлар ын йе ’уæхскыл йæ къух æрæвæрдта; афтæмæй йемæ ныхас кæны. Цæстæнгасæй йын дард кæдæмдæр амоныи Ацы цымыдисаг альбом дæлбулкъон Гобозты Арчил, зы- наргъ дзаумайау, авд азмæ ссæдз азы бæрц дары йæхимæ, аз^- фысты чиныгау æм æркæсы искуыдæй-искуыдмæ. Фæлæ уый у æрмæстдæр йæ цардвæндаджы иу хайы æвдисæг. Арчилы цардвæндаг у тынг вазыгджын, алыгъуызон, цы- 228
мыдисаг цаутавй йедзаг. Фæлтæрд хæстоны сабидуг ^ыдис йæ карæнтæй бирæты сабидуджы хуызæн. Уый , райгуырдис 1903 азы Картлийы хъæбысы, Гуры районы Кошкебийы (Мæсгуьь ты) хъæуы мæгуыр, зæхкусæджы хæдзары.'. Уæды." рæстæджы сæ комбæсты кæсын-фыссын ’чи зыдта, ахæм адæймæгты æн-. гуылдзтæй нымадтой. Куыстуарзаг зæхкусæг Арсен кæд цы- быркъух уыд, ’уæддæр сфæнд кодта йæ фырт’ы ахуыры фæн- дагыл ныллæууын кæнын. Æмæ афтæ дæр рауади: астаздзы-,- дæй зæрдæргъæвд лæппу бацыдис Гуры горæтон ахуыргæ- нæндонмæ, фæлæ- йын ’дзы цыппар къласы йедтæмæ фæуыи нæ бантысти, йæ фадæттæ æндæр иæ амыдтой. Уый фæстæ цалдæр азы æххуырсты куыст, — маамæлайы къæбæр. Октя- бры социалистон революцийы фæстæ куыста злектррстанцæйы арæзтады, стæй та Гур æмæ Хъараязы милицæйы. • Арчилы зондахасты æнæссæугæ тæлмæнæй баззад 1925 азы сентябрь. Уæд æм æрсидтысты Сырх Æфсадмæ. Батумы полчы кæстæр командирты скъола каст фæци æмæ йын ротæ- пы дæлхæйттæй иу’ йæ бæрны бакодтой. Дыууæ азы фæстæ ссис ротæйы старшинæ. Йе ’фсæддон хайы йын арвыстой Озур- гетмæ (ныры Махарадзе). Уый фæстæ та Тбилисы иу цасдæр фæслужбæ кодта фыццаг гуырдзиаг дивизийы полчы скъола- йы парторгæй. Йæ арæхстдзинад фæбæрæг канд æфсæддон службæйы нæ, фæлæ ма активон æхсæнадон куысты дæр. Рæстæг йæ цыды хай кодта. Цыд Гобозы фырт дæр йæ, тæккæ лæджы ранмæ, уæрæхдæр кодта йæ дунембарынад. Æн- къарын райдыдта йæхимæ фылдæр бæрндзинад. 1933 азы æрвыст æрцыд Харьковы æфсæддон округмæ, Марюполы (ныры Жда- новы) гор,æтмæ. Уым ын йе ’вджид бакодтой Ленины орден- джын 80 дивизийы 38-æм полчы ,ахуыргæнæн батальон æмæ зæрдиагæй ахуыр кодта æрыгон сырхæфсæддонты хæстон дæс* ныйадыл, хъомыл сæ кодта патриотизмы æнкъарæнтыл. «Абон ам, сом та — æндæр искуы». Афтæ у æфсæддоньт цард. Æмæ та Арчилы дæр арвыстой Хуссар:Хурныгуылæн æфсæддон округмæ, Проскуровы горæтмæ. Нысан æрцыд 280 овхсæг полчы командиры хæдивæгæй фæлындзынады хаххыл. Кæд1(раджыуыд, уæддæр Арчилы зæрдыл уæлдай тынг- дæр лæууы , 1938 азы феврал. Æфсæддон дæлхæйттæн йæ арæхстджын разамынд кæныны тыххæй хорзæхджын æрцыдис Сырх Стъалыйы орденæй. «Цыма дыккаг хатт рангуырдтæн æмæ дунейыл .мæнæй амондджындæр ничи ис, афтæ банкъард- тон мæхи, — фæзæгъы Гобозы фырт, — уæлдайдæр та мын Кремлы ацы хорзæх М. И. Калинин’йæхи къухæй кæй радта, уып тыххæй. Ор’йён дæтгæйæ мыл’ йæ цæстæнгас сæрæн къæх- ты бынмæ ахаст^ стæй мын мæ(къух зæрдиагæй нылхъывта æмæ мæм фæлмæн бахудти». "’^ Уый фæстæ та ног фæндæгтæ, ног æфсæддон хæйттæ. Хур- ныгуылæн Украинæйы хорджын быдыртæ, ссæрибаргонд адæ- 229
мы цин æмæ арфæтæ. Стæй та? Стæй та Карелийы къубалæг... Финнæгты ныхмæ цыбыр, фæлæ карз .тохтæ... Фыццаг æнæ- хуыссæг æхсæвтæ, астæумæ мит, цæгаттаг ихуазæлттæ... Фæлæ уыдонæн абарæн нæй, хъæбатыр хæстон уый фæстæ цы зын- тæ, рыстытæ æмæ хъизæмæрттæ бавзæрста, уыдонимæ. .1941 азы 22 июнь. Афæдзы иууыл даргъдæр бон. Истори- йыæцæг туджы хуыцаубон... Æгъатыр хъысмæт уæд тæрæз- тыл æрæвæрдта нæ адæмы цард. Хæст Гобозты Арчилы æрæййæфта Тарнополы горæты. Куыста фпстæгæфсæддон полчы командиры æххуысгæнæгæй хæдзарадон фадыджы. Райгуырæн бæстæ бахауд тæссаг уавæ- ры. Мæт æмæ сагъæстæй нæ фæцух Гобозты Арчил дæр. Тых æмæ йын фыдтæй бантыст йæ ус æмæ йæ цыппар сывæллоиы (нæ кæст’æр фырт — Автандил хæсты (фыццаг бон райгуырй:) дард фæсчъылдыммæ рарвитын. Фæлæ уæддæр мæт æмæ са- гъæсты бахауд. Фæндæгтыл немыцаг хæдтæхджытæ æппын- æдзух бомбæтæ згъæлстой. Стæй йæм йе ’мкъай Олгъæ бæ- рæг ныхас æрбарвыста, бынатмæ æвыдæй æрхæццæ стæм, сывæллæттæм дæ зæрдæ ма ’хсайæд, зæгъгæ; Æмæ уæд йæ нпнæн кæрон дæр над уыди, кæд йæхи сæр уынгæджы уыд, уæддæр. Карз, æнæбанцайгæ тохтæ цыдысты Черниговы областы Оржицæйы районы. Иыр Гобозы фырт командæ кодта 97 æх- сæг дивизийы 69 Сырхтырысаджын полкыл. Ноджы та стыр- даэр бæрндзинад. Удуæлдайæ тох гкодтой не ’фсæддон хæйтгæ знаджы ныхмæ. Фæлæ фронты уыцы фадыджы уый уыдис æнæмсæр тох: фашисттæ нымæцæй махуæттæй бирæ фылдæр уыдысты, техникæйæ — ивтонгдæр. Бар-æнæбары нæ хæстонты бахъуыд фæстæмæ лæууын. Иууыл уæззаудæр бон Арчил æмæ йæ хæстонтæн уыд 1941 азы 24 сентябрь. Сæ дивизи æнæхъæ- нæй бахауд æрхъулайы Днепры цæугæдоны къаннæг сакъа- дахтыл. Цалдæр боны дæргъы нæ хæстонтæ фæстæмæ æппæр- стой знаджы бирæнымæц атакæты, кодтой йын стыр зиæнттæ. фæлæ, æппынфæстаг, æрхъулайы цæг уынгæгæй-уынгæгдæр кодта. Махуæттæн бардзырд лæвæрд æрцыдис, цæмæй æхсæ- выгон иугæйттæй, науæд та чысыл къордтæй æрхъулайæ ра- цыдаиккоп, æмæ, фронты хаххыл рахизгæйæ, баиу уыдаиккой Сырх Æфсады сæйраг тыхтимæ. Æмæ афтæ дæр бакодтой. Фæлæ иуæй-иутæн нæ бантыст фронты хаххыл" ахизын. Уы- доннмæ уыдис Арчил дæр. Полтавæйы областы йæ рахиз къах фæцæф ^æмæ йын цæуæн никæдæм уал уыд.,Д2 боны дæргъы, фæцис хъамылы, стæй йæхи х’Ьæды ’рдæм айста. Уым баиу и’с йæ хаэстон æмбæлтгæн цалдæри^æ. Ногæй та мæт æмæ уæз* зау сагъæстæ, арф мидхъуырдухæнтæ... Уыцы хъæды фесты октябры æмбистæм, стæй фæсфæндæгты сæхи Харьк^вы ’рдæм айстой. Æппынфæстаг æндæр хъæды куыддæртæй п’артизанты къордмæ бахаудтой. Чысыл сæ зæрдæ рынцад, фæлæ тырныд- 230
той ногæй сæ хæстон -æмбæлтты фенынмæ. Куыддæр декабры ихуазæлттæ ралæууыдысты, афтæ та бафæлвæрдтой армыдзаг хæстонтæ хицæнтæй фронты хаххыл ахизыныл. Фæндæгтыл алы ран* дæр урæд æрцыдысты фашистон^ хъахъхъæнджытæ. Хъуыдис арæхст æмæ ныфсхастдзинад. Ар- чил йæ ’фæндаг акодта Хурскæсæнырдæм. Бирæ фыдæвзарæнты бахаудта, бирæ æххормæгты фæцис, фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ састи. Æхсæвиуат кодта хосы кæнæ хъæмпы рæдзæгъдты. Иу цасдæр тифæй рынчын дæр фæцис. фæлæ та хъысмæты фыдæнæн сдзæбæх, æппæт зынтæ дæр ныффæрæзта. 1942 азы уалдзæджы йын бантыст фронты хаххыл ахизын, ногæй йæ хæстон æмбæлттимæ фембæлын. Æрхъулайы. рæстæджы немыцаг-фашистон тыххæйисджы- ты ныхмæ тохы арæхстдзинад æмæ хъæбатырдзинад кæй рав- дыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орде- нæй. Фæлæ йын ахæм уæззау уавæры йæ райсын афоныл нæ бантыст. Орден йæ хицауы къухмæ бахауд æрмæстдæр хæсты фæстæ. Арчилы арвыстой Цæгат Кавказы фронтмæ æмæ уым, Ставраполы горæты, куыста 684 æхсæг полчы командиры хæ- дивæгæп. Тохгæнгæ цыдис ирон лæппу йе ’фсæддон хаимæ ныр та Хурныгуылæны ’рдæм, немыцаг фашистты дæрæн кæнгæйæ, нæ горæттæ æмæ нæ хъæуты кæрæдзи фæдыл сæрибар кæнгæ- пæ, нæ адæмы маст исгæйæ. Фæстæмæ та Днепры зонгæ донбылгæрæттæ, доны астæу ■чысыл сакъадахтæ... Карз, фæлæ размæбырсæн тохтæ.. Æмæ та иу карз тохы уæззау цæф фæцис стыр цæугæдоны сæрты хизгæйæ.. Фыццаг хатт кæм фæцæф, уырдæм хæстæг. Дыууæ хатты < Украинæйы зæххыл ныууагъта йæ хъарм туджы æр- тæхтæ фæллад, фæлмæцыд .хæстон. Ногæй та æфсæддон гос- питалы хуыссæгхъæлдзæг æхсæвтæ. ■ . Иу райсом æм) медицинон хо газет æрбахаста. Уый йæ пу фарсыл æрынцой кодта, афтæмæй кæсын. райдыдта. Стæй уысмы бæрц ферхæцыд, гæзæмæ йæ мидбылты бахудти. Ба- зыдта, дыккаг хатт æн кæй схорзæхджын кодтой Сырх Стъа- лыйы орденæй. . Ногæй;та хæсты æгæрон быдыр. Сармадзанты æнахуыр на?рын та иæ- хъустыл ауад. Фыдыбæстæйы арæнтæм цас æв- вахсдæр кодта, уыи-бæрц ын уыд æнцондæр хæцын, уый бæрц йæ зæрдæйыуаг .кодта хъæлдзæгдæр, цыма йæ райгуырæн уæ- зæгмæ æввахсдæ’р кодта, афтæ йæм касти. Фæстейæ задысты хъæутæ, горæттæ;' цæугæдæттæ æмæ . мæнæ Польшæйы буар- ’сыгъд зæххы хъæрзын йæ хъустыл ауад. Сандомиры нæмыг- дзæф горæт. Дар/дæй йын ис æдзæрæг хуыз. Горæтгæрон цы иугай бæрзытæ аззад, уыдон къалиутæ сæууон дымгæ æнкъу- сы. Афтæ йæм фæкаст, пыма йæм уыдои дæр æххуысмæ си- дынц. 231
Цалдæр боны уæззау тохты фæстæгорæты сæрмæ сфæй-1 лыдта са^рибары тырыса. Тохты .фесгуыхт Гобозыфырт дæр; Йæ хорзæхтæм æрбафтыд ноджы Фыдыбæстæйы хæсты фыц- цаг къæпхæны орден. Ордентæ æмæ майдантæ лæвæрд æрцы- дысты йе ’фсæддон хайы^хæстонтæй бирæтæн. 1945 азы уалдзæг. Хæсты тар мигътæ бамбæрзтой фаши- стон.Терманы арв. Уалдзæджы . комулæфтимæ иумæ хъæба- тыр- советон хæстонтæ банкъардтой уæлахизы комулæфт. Не ’фсæддон хæйттæ ахызтысты Бреслауæй (Вроцулав) æмæ фев- зæодысты Одеры донбылгæрон. Ам немыцæгтæ сарæзтой, сæ зæрдæ кæуыл дардтой, ахæм фидæрттæ, æрурæдтой дзы са> равзаргæдæр æфсæдты. Æнхъæлдтой, зæгъгæ, . Советон Æфса- дæн ардыгæй дарддæр размæ бырсæн . налис. Фæлæ уыдон уыдысты мæнг иллюзитæ. Махуæтты цыфæнды уавæрты дæр хъуыд -цæугæдоны сæрты æвæстиатæй ахизын. ? Иуахæмы дивизийы командир фæсидтис, полчыты • коман- диртæм æмæ сын ,уавæр. бæстон бамбарын . кодта, стæй сæ- афарста: — Чи уæ хæссы йæ ныфс Одеры сæрты æппæты фыццаг ахизынмæ? — Мæ полк цæттæ у цыфæнды хæслæвæрд сæххæст кæ- нынмæ дæр, — фидарæй йын дзуапп радта Гобозты Арчил. — Æмæ нырма зноны уæззау тохты фæстæ иу чысыл дæр- куы нæ æрулæфыдыстут. 1 . — Уымæй нын ницы у, æмбал инæлар, доны фаллаг фарс. баулæфдзыстæм. — Дæ хæстонты зæрдæйыуаг та куыд у, дæлбулкъон? . — % Иттæг хорз. Бардзырдмæ æнхъæлмæ кæсынц. ■. — Хорз уæдæ. Архайут рæвдз æмæ арæхстджынæй. Оде- рыл ахизын къамтæй хъазын нæу. Къаддæр зиæнттимæ стыр сгуыхтдзинад равдисын кад æмæ лæгдзинад у, — загъта ма инæлар æмæ йын йæ къух зæрдиагæй нылхъывта. Куыддæриддæр бон гæзæмæ цъæх кæнын байдыдта, афтæ- райдыдта полк ахсджиаг операци æххæст кæнын. Хурыскаст- мæ допы фаллаг, фарс бацахста плацдарм дарддæры размæ-; бырстæн. Цалынмæ иннæ æфсæддон хæйттæ дæр доны сæрты. хызтысты, уæдмæ Гобозы фырты полк немыцаг горæтмæ ба- тыдта. Фашисттæ сæ тыхтæ тынгдæр радтой дивизийы иннæ полчытæм. Уымæ гæсгæ раззаг полкæн хæцын фенцондæри Дивизийы командирмæ та афтæ каст, цыма Арчилы пол!С æрхъулайы бахауд æмæ цадæггай скуынæг. ’Мæт кодта, дыу~ уæрдæм рафт-бафтгæнгæ. Афтæ æнхъæл уыдысты бирæтæ, уымæн æмæ фашисттæн бантыст дыууæты æхсæн бастдзинад фехалын. ;'^ч ( • • Дыккаг райсом иннæ пол^ытæ дæр горæтмæ куы баввахсг с’ты æмæ йын йæ сæрмæ Сырх Тырыса фæйлаугæ куы ауыд- 232
той, УæД Дисы бахаудтой, зæгъгæ, кæд Гобозы фырты полк æрхъулайы бахауд, уæд ма горæтмæ нæ разæй чи бацыд. Чысыл фæстæдæр ыл инæлар хæрхæмбæлд фæцис, фæ- лæ йæ нал базыдта. Куыддæр фергъуыйау. Гобозы фырт фæстæмæ фæзылд æмæ йын рапорт радта: — Æмбал инæлар, дæ бардзырд рæстæгыл æмæ æнæфæ- къуылымпыйæ æххæст æрцыд. Фæндаг гом у дарддæры раз- мæбырстæн! , ,} — Ау, кæд м’æрдты бæстæй не ’рыздæхтæ, дæлбулкъон. Мах та афтæ æнхъæлдтам æд полк æрхъулайы бабын дæ. Ды- сон бонмæ сагъæс кодтон. Дысон ма дын рухс дæр загътам, — дисгæнгæ йæм бакасти дивизийы командир. — Мæрдты бæстæм æрвитын кæй хъуыд, уыдоны; барвы- стам, — худгæйæ.йын дзуапп радта Гобозы фырт. — Æрхъу- лайæн та æппындæр ницы зонын. Ныттыхстис инæлар дæлбулкъоныл æмæ йын хъазгæмха- сæн афтæ зæгъы: — Æндæр хатт ма ахæм фæндагыл куы цæуай, уæд-иу мæм дæ адрес ныууадз, тел дæм-иу уæддæр арвитон. Æмæ та бавдыстой аланты байзæттаджы ног хорзæхмæ — Суворовы орденмæ. Иу цасдæры фæстæ йæ фæтæн риуæй сæрт- тывта. ; Афтæ цыдискадæмæ намысы фæндагыл æмæ уæлахизæй йæ тох фæцис Прагæйæ Берлины ’хсæн. Фæлæ йæ хотыхтæ нæма рæвæрдта. Хæсты фæстæ ма цасдæр рæстæджы дæргъы куынæг кодта Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæйрацæуæг ^ендеровон- тæ æмæ æндæр къаннæг бандæты къордты. Бæргæ'«ма фæнды- дис Гобозты Арчилы дарддæр æфсады баззапыи, фæлæ йьш йе ’нæниздзинад уый фадат нал лæвæрдта. Уый адыл æрæздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ æхсæз ордены æмæ авд майданы кава- лер. Фæлæ сабырадон куыст ссис йæ дыккаг фронг. Цалдæр азы фæкуыста фæндæгты хайады, стæй та Гуры горæты ДОСА- АФ-ы органты. Ам дæр та фæлтæрд хæстон йæхи равдыста- хъаруджын æмæ намысджынæн. Æмæ 1963 азы бæстон ацыд пенсийы. ^
Лазарты Хæсанæ, Тыджыты Юри ДОМБАЙ ХЪÆБУЛ ый лæппу уыди, лæппу! Кардау — æлвæст. Нæзы бæласау — рæсугъд. Йæ цæстыты сыгъди цæхæр. Æрыгок, зæрдæргъæвд. Уарзта нæ митсæр хæхтæм кæсын, райсом.æй сæ тæссар фæндæгтыл цæуын. Уарзта мæйрухс æхсæвты къарди- уыл бадын, Терчы æнусон кадæгмæ хъусын, адджын сагъæсты ныгъуылын. Уарзта урсзачъе зæрæдтæн уырдыг лæууын, лæг- гад кæнын. Уарзта ахуыр кæнын, зондамонæгмæ лæмбынæг хъусын. Фæлæ æппæтæй фылдæр бауарзта цард. Райгуырæи -бæстæ. Фыды зæхх. Нанайы... -, Уæдæ цы рæсугъд бæллицтæ гуырдис æвзонг лæппу Го- джъшаты Валодяйы сæры магъзы! Уый итæг хорз бæрæггае- нæнтимæ ахуыр^ кодта Орджоникидзейы æртьшдæсæм астæ^к- каг скъолайы. Р1æ хæрзæгъдау^ йе ’нæзивæджы тыххæй бæрæг дардта ахуырдзауты ’хсæн. Скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджы- тыл йæхæдæг куыд æнувыд уыд, афтæ æнувыд æмæ йыл иу- зæрдион уыдысты уыдон дæр. Алы хъуыддаджы дæр — фæз- минаг, алы хъуыддажы дæр — раззаг. 234
Лæппын цæргæс фыццаг хатт йæ ахстонæй куы ратæхы, уæд æй йæ бæллицтæ æгæрон арвы тыгъдадмæ ахæссынц. Аф тæ рауад Валодяйы царды хъысмæт дæр. Æвддæс азы дæр ьтл наема сæххæст, афтæмæй æнтыстджынæй каст фæци астæук- каг скъола. Æмæ йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ ацыд Сим- ферополмæ. Уым ахуыр кæнык райд,ыдта æфсæддон скъолайы. Дм дæр та йæхи равдыста фæзминагæй, æгъдауджынæй. Æфсæддон скъола каст куыддæр фæци, афтæ фондз боны фæстæ нæ Райгуырæн бæсгæйы сæрмæ сыстадысты сау мы- тазои мпгътæ. Ардхалæг гитлеронтæ м.æнгардæй æрбабырстой ^цг- социалистон Фыдыбæстæмæ. Зæхх, рынчын лæгау, хъæр- зыдта. Зæхх фæрчытæй арвмæ хаудта. Хæсты райдианы Валодя уыдис Ныгуылæн фроиты. Уæз- за\' тохты уæззау цæф фæци. Бахаудта æфсæддон рынчындон- м,ч\ Уырдыгæй-иу алидзынмæ хъавыд æфсадмæ, фæлæ-ну æй на -^ауагътой дохтыртæ, медицинон хотæ. Загътой-иу ын фæл- мæн хъæлæсы уагæй: — Æгæр хивæнд ма у. Нырма дын афон иæма у, нæма баигас дæ хъæдгом. Куы сфидар уай, уæд дæ нæхæдæг арвит- дзыстæм. Сдзæбæхи хæстон. Йæ цæсгомыл туг ахъазыд. Р1æ къа- бæзты ныххызти ног тых. Æмæ та — Ныгуылæн фронт. Чы- сыл баулæфты фæстæ салдæттæ сæхи сифтонг кодтой. Хæст та, -æрвнæрæгау, ныннæрыд. Махонтæ афсæрстой фыдгулты. Ца»ф æфсæддонты фæсус хъæлæс... Бомбæты æбуалгъ æхсидт ;ем;р уынæргъын... Сармадзанты богъ-богъ... Уæлахизы «ура!>/ Ирон лæппу дæр хæцыди хъæбатырæй. Æнауæрдонæй быр- ста пиллон арты. Валодяйы къухæй иу æмæ дыууæ тыхгæнæ- джы не ссардтой сæ мæлæт хæсты быдыры. Фæлæ та йæ хæ- лон фарсыл аныхæст. Ацы хæсты дæр та фæцæф. Рог цæф. Бирэр рæстæг æй нæ бахъуыд рынчындоны хуыссын. Æмæ та араст фронтмæ. Ныр — Калинины фронтмæ. Уый лæппу уыди, лæппу! Хистæр лейтенант Годжыцаты Валодяйæн бахæс кодтой æвæлтæрд салдæтты снайпертыл сахуыр кæнын. Æмæ йæ хæс <æххæст кодта æнтыстджынæй. Фа*лæ йæ сæйрагдæр хъуыддагыл Валодя нымадта знæгты Дафæн кæнын/ Æмæ та æфсæддон æмбæлттимæ саста фаши- стоя лæбурджыты хъару, сæ сау туг сын .æнæвгъау калдта. Валодя мæрдтæм арвыста дæс æмæ ссæдз фыдгулы. Иу заманы æфсæддон хайы разамынд бабар кодта Вало- лянæп «æвзаг» ссарын. Йæ дыууæ æмбалимæ ацыди фæдагу- рæг. Æмæ сæ хæс\оæхх>æст кодтой кадимæ, æрбакодтой «æв- заг». Иоджы ма $е фæндагыл «бар-æнæбары» бахъуыдис фа- расг немыцаджы ’ныццæгъдын — фембæлд афтæ æнæнхъæлæ- ДЖы уыдис, æмæ æнæ схæцгæ нал уыд. Уый лæппу уыди,' лæппу! Капитан Годжыцаты Валодя йæ Дыбыр царды чысыл сгуыхтдзинæдтæ нæ равдыста. 235
...Иемыц æмæ мах æфсæдты ’хсæн цыди дон. Доныл — хид. Æрмæстдæр уыцы хидыл уыд немыцæн æрбахизæн. Æф- сæддон хайы, командир сфæнд кодта фашистон æрдонгты знæт доны «ныннайын». Æмæ.уыцы ахсджиаг хъуыддаг бабар код- та Годжьщайы фыртæн. Знæт дон, хъуыр-хъуыргæнгæ, цагъта йæ. гæндзæхтæ. Мигътæ сæхй дæлиау æруагътой æмæ фæллад зæххыл уæззау лæсыдысты. Валодя дыууæ салдатимæ хуыс- сыдис акъоппы. Пулемет æрцæттæ кодтой. Ирон лæппу ада- джы сусæгæй бабырыд хидмæ. Йæ быны йын бавæрдта ха- лæн æрмæг. Немыц .æмвæтæнæгæй æрбабырынц æмæ æрба- хæстæг сты хидмæ. Валодя шнур ссыгъта, æм’æ цалдæр уысмы фæстæ хил; арвмæ фæркгай фæхау’дта. Цы дыууæ немыцаг танчы йыл æрбацæйцыдысты, уыдон знæт доны аныгъуылдысты. Тых- джын срæмыгъдмæ нёмыц фергъуыйау сты, стæй сæхи размæ æрбакалдтой. Валодяйы дыууæ ’мбалы фæмард сты, йæхæдæг нулемет аздæхта æмæ сыл ныккалдта. Дæсгай немыцæгтæ æр- хаудысты зæхмæ, иннæтæ фæстæмæ лидзынмæ фесты. Фæцæф та ис ирон . лæппу. Йæ риу андзыг знаджы судз- гæ нæмыгæй. Ныр, мæгуыр, æгæр лæм-æгъ разынд Валодя. Йæ туг йæ хъæлæсæй фемæхсти. Йæ сæр ма иу хатт хæрдмæ сындæггай систа. Акасти. Федта, советон салдæттæ фыдгæн-, джыты куыд пырх кодтой æрмхæсты..'., Иу хатт ма йæ цæсты-, тыл ауадысты Ирыстоны митсæр хæхтæ, йæ хæстон æм- бæлттæ... Афтæ, адашы сæраппонд, Райгуырæн бæстæ, ссæрибар кæныны охыл аскъуыди йæ цард æрыгон ирон хæстон, капи- тан Годжыцаты Уасилы фырт хъæбатыр Валодяйæн. 1942 азы 14 майы батальоны къамисар Балакин ныффыста Валодяйы мадмæ: «Зынаргъ Елизаветæ Давиды чызг! Дæ хъæбул ■ Валодя, Фыдыбæстæйы хæсты хъæбатырæй архайгæ- йæ, рæвдз æмæ арæхстджынæй кодта йæ бæрныгонд салдæтты фашистты дæрæн кæнынмæ. Йæ хъæбатыр салдæттимæ иу æмæ дыууæ нæ ныццагъта фашистон абырджытæй. Æмæ, йæ адæмы раз йæ кадджын хæс æмæ æфсæддон ардбахæрд æх-, хæст кæнгæйæ, 1942 азы 13 майы хъæбатырæй фæмард. Уый, тыххæй дын хъусын кæнæм стыр хъыгзæрдæйæ. Кад æмæ на- мыс — хъæбатырæн. Æмб. Годжыцайы фырты сгуыхтдзинад бацæудзæн Фыдыбæстæйы хæсты историмæ. Се ’хсарджын ко- мандиры ингæны уæлхъус салдæттæ ард бахордтой йæ туг ын гитлеронтæй райсыны тыххæй». Годжыцаты Валодя кад^æмæ намысимæ ныгæд æриыд Ворошиловы районы Манциловкæйы хъæуы., ]' ^ Уæдæй нырмæ рацыд дзæвгар азтæ/Фæлæ Валодя? Я* удау, цы митсæр хæхтæ уар^та æмæ йæ цард нывондæн кæй тыххæй æрхаста, уыдонæй никуы ферох уыдзæн сæ иузæрдзюн домбай хъæбул, хъæбатыр хæстоны рухс ном. *
Цхуъфбспи Иван ФЬЩЫ ФАРН æскавказы æфсæддон окруджы истори чи фыс- сы, уыцы авторты зынгæдæртæй сæ иу у Гуыцмæзты Ге- оргийы фырт. Алыксандр. Уый райгуырдис 1923 азы Цхин- валы. Р1æ фыд уыд зындгонд афицер. Георги йæ фырты хъо- мыл кодта Уæрæсейы хъайтар æфсады траднцитыл. Уый йын зымæгон.’даргъ æхсæвты бирæ дзырдта Уæрæсейы æфсады диссаджы хъæбатырты тыххæй. Цхинвалы ,цæрæг хистæр фæлтæр Георгийы зонынц на- мысджын, хæдæфсарм адæймагæй. Ныр Георги фæкардзыд, иупæг сау æрду , дæр ыл нал ис. фæлæ нæ сафы йæ уæздан æгъдау. Йæ фæзмйнаг удыхъæды миниуджытæ æгасæй схай кодта йæ фырт Алыксандрæн дæр. Дзæгъæлы не ссис мый- йаг Советон Æфсады цæвиттойнаг афицер. Георгийы рагæй фæндыд, йæ фыртрпæй исчи хæстон;.лæг куы суыдаид. Уымæ гэеспæ йæ цйнæн йæрон дæр налуыд, 1941 азы Алыксандры зртиллерион ахуыргæнæндонмæ Лкуы айстой, уæд. Фæлæ Лф цин бирæ нæ ахаста. Райдыдта хæст. Фæлтæрд афицер хорз æмбæрста йæ фырты тæссаг фидæн тохы быдыры. Фæ- *1аэ уæддæр ныфсытæ æвæрдта йæ бинойнагæн: '237
«Тæрсгæ ма кæн, нæ фырты тохы амонд фæуыдзæн». Æмæ, æцæгдæр, афтæ рауад хъуыддаг. Дыууыназдзыд лейте- нант - æнтысгæйæ каст фæцис æфсæддон ахуыргæнæндон æмæ ацыд Хурныгуылæн фронтмæ. Гуыцмæзы фырт службæ кодта 33-æм зенитон-артиллерион дивизийы. Уыцы дивизи алыхатт дæр уыд Сæйраг Хистæр Ко- мандæгæнæджы резервы æмæ-иу æй арвыстой тохы иууыл тæс- сагдæр бынæттæм. Алыксандр йæ сармадзанты къордимæ тох- гæнгæ фæцыд Вязмæйæ суанг Хурыскæсæн Пруссимæ. 1943 азы фæззæджы арæзт æрцыд советон зæххыл поль- шæйаг æфсæддон хай. Уый Белоруссийы Ленинойы цур тох кæнын райдыдта фашистты ныхмæ. Гитлеронтæ ггохы фыццаг бон æрхъавыдысты полыпæйæгтæн сæ ныфс асæттынмæ, æнæ- рынцойæ сыл бомбæтæ æмæ снарядтæ калдтой. Уыцы рæстæ- джы знæгты ныхмæ йæ цыппар зенитон сармадзанимæ мæ- лæтдзаг тохы бацыд Гуыцмæзы фырт, польшæйаг æфсæдты хъахъхъæдта фашистон хъæрццыгъатæй. Тохты рæстæджы сахъ ирон сфæнд кодта партимæ бацæ- уын. Полчы партион организацийы секретарь æрцыд Алык* сандры батареймæ йæ курдиат æвзарынмæ, фæлæ хъæбатыр ироиæн иунæг уысм дæр йæ къах авæрæн нæ уыд йæ сарма- дзанты цурæй. Мессершмиттæ уынгæг кодтой польшæйæгты. Алыксандр зенитчиктæн аивæй бардзырдтæ дæтты, йæ хъус дары уæлдæфмæ, йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта «иу уал дзы ис!», зæгъгæ. Мессершмитт ма иу зылд фæкодта, стæй, цЪæх пиллон калгæ, Белоруссы ф’æлмæн зæххы арф аныхст! «Цæвут дыккаджы дæр!» — фæхъæр кодта Гуыцмæзы фырт;æмæ та дыккаг фашистон хæттæхæг дæр зæхмæ зилгæ-зилгæ ратахт. Иннæтæ сæхи айстой. Фæсабыр тох. Алыксандр бинокл :йæ риуыл ацауындзаегау кодта, йæ хид асæрфта, фæраст ныккæндмæ. Уым æм æнхъæл- мæ кастысты партион комитеты уæнгтæ. Уыдон зæрдиаг ар- фæтæ ракодтой Алыксандрæн йæ фыццаг сгуывддзинады сæраппонд. Ацытоху Гуыцмæзы фыртæн, — дзуры секретарь,— йе ’цæг рекомендаци партийы рæнхъытæм бацæуыны тых- хæй. Бузныг зæгъыны фадат ■ дæр нæ фæцис Алыкса’ндрæн! знаджы снаряд сæмбæлд ныккæнды царыл æмае сыл æркалД сыджыт. Гуыцмæзы фырт ратæррæст кодта ныккæндæй, ауыд: та — йæ сармадзанты нæмгуыты асыктыл зынг æртыхст. Ба- згъордта сæм æмæ йын бантыст йæ хæстон фæсауæрцтæ’р3' хъахъхъæнын. Уайтагъд та ’æхсын райдыдта бомбæтæкалæг знаджы хæдтæхджыты. Алыксандры батарей ма уыцы^бон æрæппæрста ноджыдæр фащистон дыууæ’ хæдтæхæджй. О; фæлæ фесты йе снарядтæ. ’Цъиусурау йæхи æруагъта гитле- }5он тæхæг зæхмæ. Уыны, Алыксандры сармадзантæ лæууынц æмырæй. Гуыцмæзы фырт хæдтæхæгыл йæ хæдæхсы диск 238
æнæхъæнæй авдæлон кодта. Фæлæ йæ фашистон хъæрццыгъа ницæмæ ’рдардта, йæ фидар фæрсты иæ ахызтысты автоматты нæмгуытæ. Хæсты мæлæтхæссæг цалх тылдис Хурныгуылæнмæ, фа- шистты кодта., фæндаджы сæрдæнтæ, сæ хъæлæсæй ’ цæхæр калдюй Алыксандры сармадзантæ дæр. Витебскы цур æрхъулайы бахауд знæгты стыр къорд.' Æр- хъулайæн æддейæ гитлеронтæй аззад иу дивизийы бæрц. Æх- хормаг фашисттæ бирæгъы л’æбурд кодтой советон хæстонты фæсауæрцтæм. Уыдон бабырстой Алыксандры сыхаг батарей- мæ æмæ йæ скуынæг кодтой. Уырдæм сыл Гуыцмæзы фырг нызгъæлста сармадзаитæй æмæ’знæгтæ сæхи айстой хъæдмæ. Алыксандрæн белоруссаг партизан фехъусын, кодта, зæгъгæ, фашисттæ хиды хъус æмбырд кæныиц. Куы бабирæ сты, уæд та сæ хъæбатыр ироны сармадзантæ æмцæф фæкодтой. Уай- тагъд фæтары сты хъæды. Алыксандр æмæ цыппар хæстоны сæ фæдыл атындзыдтой. Баййæфтой дзы 17 фашисты. Уыдон фыртæссæй фæстæмæ дæр нæ фæкастысты, афгæмæй сæ хо- тыхтæ акалдтой æмæ сæ махонтæ уацары ракодтой. 1945 азы 12 январы Скæсæн Пруссийы Гумбины цур Гуыц- мæзы фырт цæттæйæ лæууыд размæбырстмæ. Дивизийы хис- дæрæй бардзырд уыд, цалынмæ размæ абырсæм, уæдмæ знæг- ты хæдтæхджыты мачи фехсæд, зæгъгæ, цæмæй сармадзанты знаг ма базона, уый тыххæй. Алыксандры батарейы сæрмæ февзæрд гитлерон хæдтæхæг, чидæртæ йæ фехстытæ кодтой, фæлæ уый зилдух кодта, сгæрста советон хæстонты позицитæ. Гуыцмæзы фырт куырдта йæ хистæрæй, цæмæй йын радта знаджы фехсыны бар, фæлæ йын уый не сразы! Знаджы сга- рæг хæдтæхæг йæ куыст куы бакодта, уæд зæхмæ йæхи æр- уагъта æмæ хæрз ныллæджыты Алыксандры батарейы сæрты Иыгуылæнырдæм афардæг! Нал фæлæууыд ирон лейтенант. йæхи фæндатардта æмæ Месершмитты йæ цыппар сармадза* нæй æмæхст фæкодта, зæхмæ дзы бирæ ницыуал æрхæццæ. Уый тыххæй Алыксандр хорзæхдын æрцыд ФыдыбæстæГюн Хæсты II къæпхæны орденæй. Советон хæстонтæ Кенигсбергæн хуссар-хурныгуылæны ’рдыгæй Фриш-Гафы донбакæлæимæ ассыдтой гитлеронты стыр къорды. Знæгггæ сæм цæф арсы лæбурд кодтой. Хæстæг батылдта уырдæм йæ сармадзантæ Гуыцмæзы фырт дæр. Фæ- лæ нæ фистæг æфс’ад размæ нал змæлыдысты. Уæд сæ хис- тæрмæ йæ гуыбыны цъарыл бабырыд Алыксандр æмæ йæ афар- ста, цы æхуыс æй хъæуы, уымæй. Уый йын ацамыдта знаджы зынгон тæппытæм/,, Алыксандр бамбæрста хабар, фæстиатгæ- нæн нæ уыд, Фыццаг уал скуынæг кодта, знæгты сармадзантæ кæдæм æмæ куыд æхсой, уый сынчи амыдта, уыцы афицеры. Знæгтæ «куырмæй» аззадысты, Гуыцм’æзы сЬырты артилле- 2за
ристтæ сыл азылдысты кæрæй-кæронмæ æмæ сæ скуынæг кодтой. Европæйы хæсты фæстæ хъæбатыр ирон хайад райста Япошл а>фсæдты ныхмæ тохты. Йæ хæстон сгуыхтдзпиæдты тыххæй Гуыцмæзты Алыксандр райста фынддæс хæстон хор- зæхы. а
Плиты Грис «ИНГÆНÆЙ СЫСТÆГя ’дæимаджы царды вæииы, ахæм цаутæ: суанг адзалы бонмæ зын вæййы сæ кой скæнын. Уæлдай зыидæр та вæййы сæ’ ныффыссын. Ацы цау дæр раст ахæм у. Фæлæ йæ уæддæр фыссын, уымæн æмæ лæджыхъæды нысан у, лæгдзи- нады æвдисæн... Кæддæр, Сталинграды уынгæг хæстьь дыууын дыууæ азы размæ, ме ’фсæддон æмбал Челæхсаты Аслæнбег æмæ æз, не- мæ ма нæ горæтæй иу къорд афицеры, афтæмæй ныгæдтам нæ хæстон лымæн, гвардийы капитан, батальоны къамисар, мидхæсты хъæбатыр, раздæры керменист, 1918 азæй фæстæмæ коммунист — Руырдзыбегты Хæцамæйы фырт Хамбийы. Ныр, дыууын^.дыууæ азы фæстæ, мæнæ мæ разы æрба- лæууыд иу зæронд лæг, дзуры .мæм уазæджы хъæлæсæй: — Ды Иры бæрæгбоныл æнæмæн фембæлынмæ хъавыс? Нæ дын рауайдзæн, æз дæр хъуамæ дæ фарсмæ уон! — загъ- та æрбацæуæг æмæ йæ мидбылты бахудти. 16* 241
Уый адыл ауыдтон дзыхыдзаг æфсæи дæндæгтæ. — Дис дæм ма кæсæнт, — дзырдта мæ уазæг, — уыдок Сталинграды басыдысты, азгъæлдысты æмæ сæ æфсæйнæгтæй раивтон. Цæй, дæ бон хорз! Æз Хамби дæн, Хæцамæйы фырт, Гуырдзыбегты, кæддæр хæсты быдыры кæй баныгæдтат, уый. Раст зæгъын хъæуы, мæнгуырнындзинадæй ирвæзт дæн, фæлæ уазæджы уындæй мæ буар ныддыз-дыз кодта, мæ сæ- рыхъуын арц абадтис, джихæй кæсгæ йæм баззадтæн. Æмæ куыд нæ! Мах æй ныгæнгæ бакодтам хæсты быдыры, уый та ингæнæй сыстади, æрбацыди мæм, æрлæууыди мæ разы, худы мæм йæ мидбылты... Нæ, хъуамæ уын радзурон, ацы хабар куыд æрцыди, уый. Фæлæ уал уый агъоммæ дыууæ ныхасы Хамбийы тыххæй Хъарман — сындзыхъæуккаг гутондар. Революцион кусæг Гуырдзыбегты Хæцамæ 1905 азы хаст æрцыдис Уржуммæ по- литкаторжанинæй æмæ хъизæмарæй зынгхуыст фæци 1907 азы. Уæд йæ фырт Хамбийыл цыдис авд азы. Уæдæй Октя- бры революцийы хæстон тъыфылтæм Хамби хъомыл кодта си- дзæрæй. æххуырстæй, стæй бацыди Сырх Гвардимæ, тох кодта партизанты рæнхъыты, сси керменист, бацыди большевикты партимæ, удуæлдай хæцыди адæмон милицæйы урсгвардион бандæты н&хмæ, фондз азы йæ уæлæ дзуарæвæрдæй фæхаста гилдзытæй дзаг хъатаратæ, маузер, фордзæхстон топп, хъама æмæ æхсаргард. Разагъды зæронд партизантæ Едзиты У., То- хъазты А., Абайты Л. æмæ иннæтæ сæ мысинæгты фыссынц, зæгъгæ, немæ уæхски-уæхск хæцгæйæ, керменистты къорды ко- мандир Гуырдзыбегты Хамбийæн-иу кæддæриддæр йæ бæрны бакодтой æппæты тæссагдæр хæслæвæрдтæ, фæлæ-иу сæ Хам- би алкæддæр сæххæст кодта кад æмæ намысимæ. Уыцы хæс~ тыты хъæбагырдзинад равдисыны охыл æрыгон Советон хица- уады Сырх Æфсады Революцион Æфсæддон Совет Гуырдзьг бегты Хамбийæн «Кады чиныг» дæтгæйæ, фыста: «Дыгуры æм,æ Кæоæджы керменистты къорды хицау уæв- гæйæ, социалистон Фыдыбæстæйы знæгты ныхмæ фæллойгæн- джыты тохы дæхи æхсарджынæй, хъæбатырæй æмæ ныфсджьг нæй кæй равдыстай, уый тыххæй дын ССР Цæдисы Револю- цион Æфсæддон Совет дæтты Кады грамотæ. Революцион Æфсæддон Совет йæ зæрдæ дары ууыл, æмæ ды кæддæриддæр уыдзынæ социализмы уæлахизы сæраппонд тохгæнджыты фыццаг рæнхъыты. ССР Цæдисы Æфсæддон Революцион Советы сæрдар Уншлихт». Фесты, басабыр сты мидхæсты гæрæхтæ. Цæрæццаг- Со- ветты бæстæ бавнæлдта йæ хъæдгæмттæ :дзæбæх кæнынмæ, ног ( цард аразынмæ. Йæ цæфтæ;: байгас кодта æм-æ цардаразæг ( ныллæууыдис Хамби дæр. Коллективизацййы райдайæны уый куыста трактористæй Дыгуры, уыди районы хистæр механик, 242
стæй ацыди ахуырмæ Мæскуыйы Колхозон хистæр скъоламæ, фæлæ мæгуыр хæххон лæппумæ фаг ахуырад нæ уыдис æмæ, экзаментæ радтын йæ бон куы нæ бацис, уæд хуымæтæджы кусæгæй ныллæууыдис завод АМО-йы. Цалдæр азы фæстæ æрыздæхтис йæ райгуырæн Ирыстонмæ, куыста партийы Ды- гуры райкомы æртыккаг секретарæй, стæй æрвыс.т æрцыдис партийы ЦК-йы Ленинон курсытæм, уыдон каст фæуæвгæйæ, бацыд Ленины номыл Æфсæддон-политикон Академимæ. 1942 азы йæ арвыстой хæцæг æфсадмæ, Хамби æвæрд æрцыдис Сталинграды фронты батальоны къамисарæй. Карз хæстыты сармадзапты нæмыджы схъисæй фæцис уæззау цæф. Саратовы æфсæддон госпиталы ,йæхи сдзæбæх кодта æмæ та ног æрбацыдис йæ бынатмæ батальоны къамисарæй. Уый уы- днс ноябры, тæккæ карздæр хæстыты бонты. Уæд базонгæ дæн æз дæр Хамбйимæ. Кæрæдзнуыл нæ сæмбæлын кодта Челæх- саты Аслæнбег. Хамбиимæ Æфсæддон Академи кастфæуазг, мæ рагон хæлар. Фæлæ рахизæм, Хамбийы куыд баныгæдгам æмæ ингæ- нæй куыд сыстадис, уыцы хабармæ. 1942 азы ноябры 19-æм бон райдыдта гитлеронты 6-æм æфсад ныддæрæн кæныныл нæ сæйраг ныббырст. Знæгтæ уы- дысты 300 мины. Ие ’фсад сыл куы æрхъула, уæд бавнæлдтам знаджы цæгъдынмæ. Аст боны дæргъы цыдысты тæккæ туг- калæндæр хæстытæ. 27-.æм ноябры мит уарыдис нымæтхуды йас тъыфылтæй, адæймагæн-иу йæ, сæр æмæ цæ уæхсчытыл уайтагъд, мæкъуылтау, ацъупп ис: Уазал уыдис 45 градусы, зæхх афтæ ныссалдис, æмæ йыл топп ныццæв, уæд-иу нæмыг фæстæмæ фесхъиудта. Совхоз «Уæллаг Котлубан» æмæ Вертячй,, зæгъгæ, уыцы хъæуы ’хсæн уыдисбæрзонд обау, йæ ном «Золотой рог». Уы- цы обау æрцахстой гитлеронтæ, сфидар æй кодтой алыхуызон хотыхтæй æмæ йæ байсыныл цыдис тугкалæн тох. 27-æм ноя- бры Хамби батальоны къамисар кæм уыдис, уыцы полчы раз- мæ уыдис ахæм хæс æвæрд: обауæй знаджы фæсурын. Пол- чы рахиз фланджы бырста Хамбийы батальон. Къамисар йæ- хæдæг уыди тырысахæссæг, разæй чи бырста, уыдоны æхсæн: галиу къухы — тырыса, рахизы — автомат. Сармадзаиты гы- бартыбуры фæстæ бырсын райдыдтой. ротæтæ, батальонтæ, æгас полк. Дыууæ сахаты фæхæцыдис полк’уыцы обауыл, байста йæ, знаджы аппæрста йæ цъуппæй, (фæлæ нæм дарддæрбыр- сынæн тых нал фаг кодта. Уæд бырсын байдыдта дыккаг эше- лон. Ахл’æнбег æмæ æз дæр уыдыстæм уым. Обаумæ куы ба- хæццæ стæм, уæд баййæфтам, уый агъоммæ кæй никуыма федтам? адæймаджы буар дыз-дыз кæмæй кæны, ахæм ныв: тырысахæссæг, йе ’мбæлттæ размæ абырстой, афтæмæй, лæу- уы зыбыты иунæгæй обауы цъуппыл астæумæ миты æмæ йæ 243
сæрмæ тырыса фæйлауы. Фæлæ диссаг: Хамби йæхæдæг змæл- гæ нæ кæны! Раст цыма ихын адæймаг уыд, афтæ, лæууыд цавддурау, йæ рахиз къухы тырысайы хъæд, йæ алфæмбылай 24 гитлероны мардæй брустверыл хуыссынц, мит тугæй сырх- сырхид адардта... Хъуыддаг рауади афтæ: хæстæг æрмхæстыты Хамби фæ- ци уæззау цæф, хæлæн нæмыг сæмбæлд йæ рахиз уæхскыл æмæ йæ цонг рæмбыныл ныппырх ис, сармадзаны нæмыджы цæфæй та йæ автомат дыууæ фæцис. Стджытæмхъарæг уаза- лы сæлын байдыдта адæймаг, туг дзы нал баззадис æмæ ты- рысайæн æрхауынæй куы фæтарстис, уæд ын йæ хъæд ныс- сагъта салд рахиз къухы, йæхæдæг дæр сæлын байдыдта уа- залы, афтæмæй лæууыдис æмæ тырыса йæ сæрмæ фæйлыдта. Йе ’мбал æфсæддонтæ та афтæ æнхъæлдтой, Хамби барæй лæууы обауы цъуппыл, цæмæй тырыса зына æппæт полкмæ æмæ сæ разæнгард кæна бырсынмæ. Æцæгæй та тырысахæс- сæг сæлгæ ныккодта æмæ уымæн нал цыдис размæ. Ма\ дæр æй баййæфтам уыцы хуызы. Знаджы не ’фсæд- тæ йæ фидарæй куы аппæрстой, йæ фронт ын куы батыдтам, уæд гырыса разæй хæссыны сæр нал хъуыдис æмæ мах дæр тырысахæссæджы иувæрсты абырстам размæ. Фæлæ нæм чы- сыл фæстæдæр, знаджы иудзæвгар куы аппæрстам йæ фида- рæй, уæд фæхабар чындæуыдис: Хамби< фæмардис! Аслæнбегимæ раздæхтыстæм. Хамбийы не ’рбацыдмæ салдæттæ миты рагъыл æрæвæрдтой, медицинон кусджытæ загътой, мард у, зæгъгæ. Салд зæхх къахын4 нæ бакуымдта. Мардæн скъахтам рæстæгмæ митын ингæн æмæ йæ уым баны- гæдтам, йæ номыл ын рахуыдтам, «Золотой рог» цы обау хуындис, уый, æм,æ абырстам дарддæр. ’ Уыцы изæр дыууадæс æмбалæй ныффыстам газет «Рæст- дзинадмæ» ’статья, Хамби хъæбатырæй куыд фæмардис, уын тыххæй æмæ’йæ рарвыстам. Дивизийы политхайады хицау та ныффыста писмо Хамбийы бинонтæм йæ хъæбатырдзинад æмæ йæ мæлæты фæдыл. Мах статья рацыди «Рæстдзинады», Хъар- мач-Сындзыхъæуы. адæм та, Хамбийы тыххæй сау хабар райс- гæйæ, скъахтой ’афти’д ингæн, сæвæрдтой цыртдзæвæн, аргæр- стоп гал æмæ Хамбийæн рухсаг загътой. Фæлæ хабæрттæ иннæрдæм разылдысты. 28-æм ноябры, Хамбийы баныгæдтой 23 сахаты фæстæдæр, мæрдты æмæ цæф- ты æмбырдгæнæг æфсæддонтæ (ссардтой Хамбийы, йæ митын ингæнæй стыныл архайдта," ,афтæмæй. Йæ рахиз цонг ма æр- мæст цармыл хæцыдис, фæхицæн ын æй кодтой æмæ йæ ала- стой Дард Хурскæсæйнаг грспиталмæ. Æхсæз мæйы б:æрц "æй, уым фæдзæбæх кодтой ’æмæ лæг йæ къахыл слæууыдис, мæрдтæй раздæхтис. Уыцы рæстæджы дæргъы бинонтæм ни- ’цы фæхабар кодта, стæй иу,;бон балæууыдис йæ райгуырæн Хъармар-Сындзыхъæуы. 244
Хъæубæстæ æрæмбырд сты диссаджы хабармæ, фæцинтæ кодтой Хамбийыл. Йæ ингæн ын слæгъз кодтой, цыртдзæвæн систой æмæ йын раздæр хист цы ран скодтой, уым ныр аргæв- стой дыккаг гал æмæ йын скодтой куывд. Аслæибег æмæ мæн хæсты фæндæгтæ ахастой бирæ евро- пæйаг паддзахадтæм æмæ Хамбийы хабæрттæн ницы базыд- там. Хамби та хæсты фæстæ куыста Дыгуры МТС-ы директо- рæй,' Дыгурьг халсардарæны директорæй. Фыццагау, сабыр кусæг лæг уыдис æмæ арæх не ’фтыдис горæтмæ, нæ йæ фед- тон, йæ ном ын нæ хъуыстои. Ныр, дыууын дыууæ азы фæстæ мæ разы куы ’рбалæууы- дис, уæд æй фæрсын: — Хамби, ау, æмæ дæ ныгæнгæ куы бакодтам, уæд æп- пын ннцы æнкъардтай? — Иронау куыд ныхас кодтат Аслæнбегимæ, мæ уæлхъус лæугæйæ, уый бæргæ хатыдтон, суанг ма мын æвдадзыхосы хуызæн дæр фæци нæхи æвзагыл ныхас фехъусын, фæлæ мæ туг фæцыдис, хъару мæм нал уьтди æмæ уæм ныхъхъæр кæ- нынмæ куы хъавыдтæн, уæд хъæры бæсты мæ хъæлæсæй сир- вæзтис æрмæст гæзæмæ хъарм уæлдæф. Æвæццæгæн, миты бын ныгæд куы иæ. æрцыдаин, уæд уыцы уазалы бынтондæр ныссалдаин æмæ ныр иумæ нæ лæууиккам... Кæсын ацы лæгмæ æмæ йе ’нгасыл уынын, азтæ æмæ йын* хæсты хъизæмæрттæ йæ цæсгомыл алырдæм куыд бахуым кодтой, уый, фæлæ уæддæр йæ зæбул æрфгуыты бын, сынты базыртау, сау ’ цæстыты судзынц цины цырæгътæ, пæ хъæлæс, фыццагау, кæны ныфсджыи зæлланг. • Хамбимæ ис Советон хицауады бирæ хорзæхтæ, нæй йын æрмæст Хъæбатыры ном. Фæлæ цымæ искæйы зæрдæ батæрид зæгъын: Хамби хъæбатыр нæу? . Кæсын з.æронд Хамбимæ æмæ хъуыды кæныи: «Тæхуды. хæсты фыдæй ныгæнын куы никæйуал хъæуид! Куы бахъæуа, уæд та-иу йæ мæлæт Хамбийы мæлæтау куьь рауанд!». *
Мамсыраты Мурат МАСТИСÆГ иевы цæры зæронд афииер, Киевы фидаргонд районы раздæры æфсæддон къамисар Илларион Евдокимов. Советон æфсæддонтæ Фыдыбæстæйы хæсты рæстæджы цы хъæбатырдзинæдтæ равдыстой, уыдоны тыххæй ныффыста цалдæр чиныджы. Фарон, йæ хæстон фæндæгтыл балц кæнгæ- йæ, Евдокимов æрбацыд Киевы областы хъæу Козынцимæ. Иу цалдæр боны дзы фæци уазæгуаты, æрзылдис, кæддæр карз тох кæм цыд, уыцы бынæттыл. Цалдæр раны йын хъæуы цæр- джытæ бацамыдтой æфсæддонты ингæнтæ. Хъæусоветы дуар* мæ цы ингæн ис, уым та, дам, ныгæд сты дыууæ лейтенанты. Немыц куы фæлыгъдысты, уæд Козынцийы цæрджытæ чысыл дарддæр ссардтой дыууæ афицеры марды. Уæлæнгай ингæны сыл тагъд-тагъд сыджыт бакалдæуыд. Колхозонтæ сæ æрба- ластой æмæ сæ хъæуы баныгæдтой. Чи уыдысты, кæцæй, уый нæ рабæрæг, гæххæттытæ сæм ницыуал баззад. Æрмæст, дам, бæрæг уыдис, дыууæйæ дæр, хæрзæрыгæттæ кæй уыдысты, уый. Зæронд хæстоны зæрдæ дыууæ æнæбæрæг лейтенанты ха- бар уæлдай тынг фæцагайдта. Киевмæ æрбаздæхгæйæ Евдокимов æрыгон афицерты мыг- гæгтæ агуырдта архивты. Уалынмæ ссардта, Козынцийы чк хæцыд, ахæм зонгæ адæймаджы — батальоны раздæры коман- дир И. И. Метелевы. — Куыд нæ, куыд! — радзырдта йын уый. — Æз хорз хъуыды кæнын уыцы лæппуты, бæлвырд фыст дæр мæм стьь чи дзы кæцон у, уый. Куы фæмард сты, уæд сын сæ ныййар- джытæм фехъусын кодтам. Суанг ма сæ цæсгæмтгæ дæр .^æ цæстытыл хорз уайынц æмæ дьш бæлвырд радзурон сæ хабар. Ды фыссæг дæ æмæ дæ ахæм;бæлвырд хъуыддæгтæ æнæмæнг бахъæудзысты. 246
1941 азы июны Киев уыдис тынг тæссаг уавæры. Знаджьт æфсæдтæ йæм бырстой æмæ бырстой. Уымæ гæсгæ Украинæ- йы Компартийы ЦК æмæ Хуссар-Ныгуыл-æн фронты командæ- кæнынад рахастой уынаффæ Киевы цур ахæм хæстон^ фидæрт- тæ саразын, знагæн сæ йæ бон басæттын куыд нæ бауа. Уыцы оонты нæм. бирæ арвыстой запасы æмæ, училище нырма ныр каст чи фæци, ахæм æрыгон афицертæ. Æрыгæттæм кæсынæй адæймаг не ’фсæст, ахæм цæрдæг, хæрзконд уыдысты. Полчы къамисар П. Г. Хабаров иу бон ныхас кодта, г. Ор-, джоникидзейы фистæг æфоæдты училищейæ нæм кæй æрæр- выстой, ахæм лейтенанттим.æ. Уыдонæй æртæ æрдхорды: Кæ- сæг-Балхъары станцæ салдатскаяаг Александр Асередин, мæз- дæггаг Григори Кошмак æмæ джызæйлаг Дауиаты Сергей — ракуырдтой, иу æфсæддон хаймæ, дам, нæ арвитут. Къамисар «сын уымæй зæрдæ ,бавæрдта. Йæ цæст уæлдай лæмбынæг æрæ- вæрдта лейтенант Дауийы фыртыл. Уый уыдис бæрзонд лæп- пу. Къамисар бирæ фæныхас кодта йемæ æмæ йын Сергей ра- дзырдта, артист суæвын, дам, мæ фæндыд, ^зæлæ училищемæ фæдæн... Мæ батальонмæ сæ æрбарвыстой æртæ æрдхорды, взвод- ты командиртæй. Дауийы фырт иттæг хорз архайдта. Запасæй чи æрбацыд, уыдоны арæхстджынæй ахуыр кодта хæстон хъуыддагыл. Цыбыр рæстæгмæ’йе взвод ссис æфсæддон хайы хуыздæртæй иу. Уалынмæ хæсты бацыдыстæм. Нæ бакомкоммæ знагæн кæм цавæр тыхтæ ис, уый базоныны тыххæй бахъуыд сгар- джытæ арвитын. Хуыздæр чи сæххæст кæндзæн уыцы хæс, зæгъгæ, ,æркастæн адæммæ. Равзæрстон Дауиаты Сергейы. Йемæ йын арвыстон йе ’рдхорд Кошмакы. Æртæ суткæйы- æрыгон афицёртæ се взводтимæ уыдысты знаджы чъылдыммæ. Æрбахастой тынг ахсджиаг хабæрттæ, стæй фæндагыл ныддæрæн кодтой немыцаг автоматчикты цал- дæр чысыл къорды, сæхи æфсæддонтæй иу дæр нæ фæхъуыд, афтæмæй. Августы райдианы бацайдагъ сты карз хæстытæ. Знаджы фистæг .æфсæдты фондз дивизийы, танктæ æмæ сын хæдтæх- джытæ æххуыс кодтой, афтæмæй бырстрй Киевмæ. Дæсæм августæй иуæндæсæмы æхсæн æхсæвы не ’фсæдты тыхджын къорд арастКозынцы æмæ Немешаевойы хъæутæм. Раззæгти- мæ цыдис Кошмакы взвод. Сæумæрайсом бахæццæ сты Не- мешаевомæ. Фæндаг сын амыдта иу бынæттон адæймаг, дзырд- та сыи, немыц, дам, нæма сты ацы хъæуы. Фæлæ уый гадзра- хатæй рацыд не /фсæддонтыл, .басайдта сæ, рагацау немыци- мæ бадзырд кæнгæйæ. ; ; Куыддæр хъæуы астæумæ бахæццæ взвод, афтæ алырды- гæй пулеметтæ æмæ автоматтæ скуыстой, хæлдысты минæтæ, гранаттæ, Кошмак йе ’фсæддонты къордимæ немыцæй дыууæ 247
хæдзары байста, пулеметтæ дзы æрæвæрдта æмæ знаджы æх- сын байдыдта. Уæдмæ иннæ ’фсæддонтæ хуыздæр бынæттьг’ æрфидæрттæ кодтой, бацайдагъ карз хæст. Уалынмæ минæйы схъисæй фæмард Кошмак.' ’ Не ’фсæддонты æндæр къорд, хæсты уынæр фехъусгæйæ.' æрбацыд æххуысмæ. Уыдис æм танктæ, сармадзантæ. Фистæг æфсæдты разæй йе ’взводимæ бырста Дауиаты Сергей. йе ’рдхорды марды хабар куы фехъуыста, уæд уый взводы сал- дæттæм дæр фæсидт æмæ размæ абырста. — Нæ уарзон командиры туг райсдзыстæм цъаммар фа- шисттæй! — хъæр кодтой æфсæдтонтæ размæ бырсгæйæ. Искуы-иу йедтæмæ нал баззад немыцаг ротæйæ. Сергейы салдæттæ сæ сырдтой. Командир йæхæдæг разæй згъордта æмæ дамбацайæ æхста. Тынг рæстдзæвин уыд. Немыцаджы-иу куы ’рфæлдæхта, уæд-иу фæхъæр кодта: «Гришæйы тыххæй!». Фæлæ мæнæ Сергей сагъдауæй аззад, йæ риуыл фæхæцыд, стæй æрхаудта. Салдæттæ ма йæ ацахстой, фæлæ сæ къухты йæ уд систа. Григори Кошмак æмæ Дауиаты Сергейы баныгæдтой Ко- зынцийæ иу километр æддæдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, цыр- тытæ сын сæвæрыны фадат нæ фæцис уыцы рæстæг, нæ алы- варс бæстæ судзгæ кодта, — йæ цæстытæ доны разылдысты, афтæмæй йæ ныхас фæци’ Мегелев. ...1941 азы 11-æм августы, фæмард сты дыууæ хæстон æм- балы. Козынцийы цæрджытæ сын 1968 азы онг нæ сæ бæл- вырд хабар зыдтой, нæ — чи уыдысты, уый. Уалынмæ Евдокп- мов хъæусоветы Каминская Лидияйæн хъуыддæгтæ куы ра- дзырдта, уæд сæ уый та депутаттæн, æппæт хъæубæстæ, ра- йоны разамоиджытæн фехъусын кодта. Æмæ Козынцийы хъæу- совет уынаффæ рахаста дыууæ ирыстойнаг хъæбатырæн хорз цыртдзæвæн саразын. Йæ байгом кæнын снысан кодтой иу.æн- да>сæм августмæ. Ома, 27 азы размæ хъæбатыр хæстонта> Украинæйы зæхх хъахъхъæнгæйæ цы бон фæмард сты, уыцы бонмæ. Уый тыххæй Козынцийæ фæхабар кодтой Ирыстонмал Кошмакæн ацыд йе ’фсымæр Василий. Сергейæн йæ би- нонтæй йæ хо ’Липæ йедтæмæ ничиуал ис, фæлæ ма йемæ ацы- дысты Липæйы лæг Джиголаты Никъала, йæ хæстæджытæг йæ къабæзтæ Алыккаты Хасан, Дауиаты Зарæ, Ростик æмæ Раниат, Хъарданты Леонид æмæ Азæ. Козынцийы цæрджытæ сыл стыр кадимæ сæмбæлдысты. ...Сыфтæрджын бæлæсты астæу лæууы бæрзонд цыртдзæ* вæн — æфсæддон æд автомат/Йæ бынмæ иыгæд сты Григори Кошмак æмæ Дауиаты Сергеи. Иуæндæсæм августы арДæм æрæмбырд сты хъæубæстæ, уæлдæр кæй- кой кодтам, уыцы Евдокимов, районы æфсæддон/къамисар Ъ: И. Рождественс’кий^ хъæусоветы сæрдар Л. Н. Каминская, районы æмæ республи- кæйы æндæр минæвæрттæ. 248
Кадджын уавæры байгом кодтой цыртдзæвæн. Йæ уæлз* мемориалон фæйнæгыл фыст: «Лейтенант Кошмак Григори... 1920 азы гуырд. Лейтенант Дауиаты Батырбеджы фырт Сер- гей, 1920 азы гуырд, фæмард сты 1941 азы Иæм августы’». Лишв йе ’фсымæры иигæныл ныддæлгом, кæуы. — Хъусыс, Сергей! — Уый дæ иунæг хо ссыд дæ райгуы- рæн Ирыстонæй. Чысыл чызгæй кæй иыууагътай, уыцы Липæ. Ныр дæуæй фæхистæр, дæуыл иу’æмæ ссæдзæм аз’йедтæмæ нæ цыд. Нæ, нал ын фехъусдзынæ йæ хъæлæс. Нал фендзынæ ды дæр, Григори, ныртæккæ дæ ингæны раз йæ цæссыг кал- гæ чи лæууы, дæ <уыцы æфсымæр Василийы. Нæ уынут, уы- донмæ гæсгæ сæ алыварс цы бирæ адæм кæуы, уыдоны дæр. Фæлæ уæ рухс ном не ’хсæн цæрдзæн мыггагмæ. Ууыл ард хæрынц, уе ’взонг цард кæй сæраппонд суæлдай кодтат, уыцы адæм. Бумбулийау уын фæлмæн уæд украинаг зæхх, ирыстой- наг хъæбатыртæ! А
Гасситы Верæ Д А У Ы Р О Н æлдæфы фембæлдысты дыууæ хæдтæхæджы, сæ иу немыцаг, иннæ та — советон. Фæбыцæу сты æмæ сын ба- цайдагъ æвирхъау тох. Дыууæ дæр архайынц: иу иннæйы хæд- тæхæджы къæдзилмæ баирвæзыныл, фæлæ æнæхъуаджы, сæ дыууæ дæр бар иæ дæдтыиц кæрæдзийы фæнд баххæсткæны- нæн. Иæрыкц матортæ, нал æнцайынц пулеметты къæр-къæр. Бынæй, акъоппытæй, нымдзаст сты мингай цæстытæ хæдтæх- джытæм æма> зæрдиагæн æнхъæлмæ кæсынц, цæуыл ахицæн уыдзæн быцæу. Уалынджы советон хæдтæхæг арæхстджынæй æрзылд зна- джы иуфæрсты, фæстæрдыгæй; йæм æрбаирвæзт. Айхъуыст пулеметы_ къæр-къæр... Æмæ фашистон сынтыл пиллон арт сдарвæзт. Немыцаг хæдтæхæгскъæрæгæн ма п’арашютыл рагæии кæнын бантыст. Иæ хæдтæхæг кæмдæр зæххыл сымбæлд æмæ хъæлтæ фæхауд фæйнæрдæм. 250
Советон хæдтæхæг ма ноджыдæр иу зылд æркодта уæл- дæфы æм,æ аэродромы ’рдæм йæхи айста. Парашютыл цы фашистон хæдтæхæгскъæрæг рагæпп ла- ста, уый уацары бахауд махуæттæм. Фашистон хæдтæхæгскъæ- рæг æнæввæрсон дзуаппытæ лæвæрдта советон полчы коман- диры раз. Уыцы сырдæн йæ къухтæ ахуырст уыдысты советон адæм æмæ европæйы бирæ нациты тугæй. Йæ риуыл æнæны- мæц фашистон хорзæхтæ дзурæг уыдысты, дзæвгар кæй сты йæ тæригъæдтæ, йе стыр фыдракæндтæ. Фашизмы ахстон Бер- линæй кæй рахаста хæсты арт æмæ йæ æндзаргæ кæй ра-, цыдис зæххы- цъарыл Европæйы зæххæй Скæсæн Азийы чрдæм. Мур фæсмон дæр нæ кæны йæ фыдракæнды тыххæй. Æр- мæстдæр, хъæддаг, тугдзых цæф сырдау, йæ цæстытæ рапвæз- байвæз кæнынц штабы къуымты æмæ дис кæны: ау, кæмæн пæ бон бацис хинæйдзаг сырды фæсайын æмæ уымæн йæ къæ- дзил ныллыг кæнъш. Фæрсы йæ полчы командир, фæлæ тугдзых сырд йæ сæр- мæ дзуапп ’дæттын нæ хæссы. Æрмæст æппынæдзухæй домы, цæмæй йын фенын чындæуыдаид, чи йæ æрæппæрста, уыцы советон тæхæджы. Æрæджиау æм æрбакодтой, рæстæмбис, къæсхуырцæсгом æвзонг чызджы хæдтæхæгскъæрæджы дарæсы: — Мæнæ, гъе, æлгъаг цыдæр, дæ къæдзил дын чи сцæх- джын кодта æмæ дæ арвæй чи разыгъгъуытт кодта, — лейтенант Дауыраты Илитæ! Нæ баууæндыд фашистон сырд. — Нæ, нæ, сылгоймаг мæ æрыппæрста, гæды ныхас у уыи! — йæ цæстытæ масты денджызы разылдысты æлгъаг сырдæн. Бирæ æнæаххос адæмы фæцагъта, бирæ фæзылды- сты ныр цалдæр азы йæ фæдыл адæмы мастисæг нæмгуытæ, фæлæ та-иу сæ аирвæзт. Ныр, мæнæ, цавæрдæр уырыссаг сыл- гонмаджы къухæй фæци йæ цард, рахаудта, йæхицæн цы стыр а^фсæддон карьерæмæ бæллыд, уыцы бæрзæндмæ асины уæл- лаг къæпхæнтæй. ’ Бахауд тугдзых сырд къæпхæны. Уый хыгъд удæгас баззай- дзысты, йе стьф кадмæ фæндагыл ма йын маринаг æмæ басу- дзинаг чи баззадис, уыдон. Куы бамбæрста фашистон сырд, йæ фæрстæ йын чи снад- та. уый сылгоймаг кæй уыд, уæд фырмæстæй тымбыл къухæй балæууыд йæ сæрыл. Хуымæтæджы хъæууон ирон чызг Дауьфаты Кирилы чызг Илитæ бæрæг хицæн кодта хæсты размæ йе ’мкар чызджы- тæй. Куыста Фарны хъæуы колхрзы, уыд раззагондæр нартхор- куыстгæнæг звенойы хицау. Йæ'*намысджын куысты руаджы фæуæлахиз Ирыстоны нартхоркуыстгæнæг раззагондæртыл. Райста æвæджиау хъæздыг тыллæг, — гъе, уый тыххæй йæ 251
сæ хъæубæстæ равзæрстой Цæгат Ирыстоны Автономон 'Рес- пубилкæйы Уæлдæр Советмæ депутатæй. Ирыстоны фæллой- гæнджыты номæй Илитæ æрвыст æрцыдис Мæскуымæ советты чрезвычайон съездмæ бæстæйы ног конституци райсыимæ. Уый фæстæ та?.. Уый фæстæ та Илитæ барвæндонæй, фæскомцæдисы æр- сидтмæ гæсгæ, ацыд Сыр’х Æфсады рæихъытæм, комкоммæ- дæр авиацимæ. Уым базонгæ æмбисонды хъæбатыр æмæ хæларзæрдæ- лæппу Саламты Александримæ.' ’ Базонгæ сты. Бауарзтой кæрæдзи. Чындзæхсæвы бон сны- сап кодтоп. Æвæджиау бирæ адæм æртымбыл ис сæ чындзæхсæвмæ. Фынгтæ тасыдысты хæрд æмæ нозтæй. Хъæуы хистæр зæрдиаг арфæ кодта чызг æмæ лæппуйы амондæн. Уыдон фидæны рухс царды тыххæй гаджидау-гаджидауы фæстæ цыд адæмыл. Цæ- рæнбонты зарæг кæрæдзийы дзыхæй истой. Уалынмæ фæсивæд хъазт æрцарæзтой кæрты. Фæндыры хъæр анæрыди, къухæмдзæгъд сцырын. ’ Хъазты астæумæ рахызтысты дыууæ уарзæгой уды Илитæ æмæ Александр. Фæндыры хъæр фæтынгдæр. , К’ьухæмдзæгъд. тынгдæр анæрыди. • г ’ Кафыиц дыууæ уарзæгой уды. Кафынц... Цæмæн зонынц, сæ фæстаг кафт кæй у, уый. Цæмæй зонынц, сау рын кæй раирвæзтис зындонæй æмæ йæ сау пæлæзыл кæй рахæссы æвирхъау маст, æвнрхъау мæлæт. Чызг æмæ лæппу кæронмæ кафт нæма фесты, афтæ æр- бахæццæ фæдисон æмæ ныхъхъæр кодта: — О, хорз адæм, фæсабыр ут, фæуромут уæ хъазт! Адæм фæсабыр сты. — Дысон фашистон Герман æрбабырста нæ райгуырæн уæзæгмæ! Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст! Æмæ дыууæ уарзæгой уды сæ кафт кæронмæ нæ ахæцца* кодтой сæ цины бон, сæ чындзæхсæвы, афтæмæй ныууагътои сæ зарын æмæ сæ кафын æмæ^ ^фæцыдысты фыдыуæзæджы сæ-' рыл лæгдзинады хъазуатмæ. Уыцы бон Саламты Александр, хæдтæхæгскъæрджытæ- цæттæгæнæн ахуыргæнæндоны инструктор æмæ иæ уарзон, уьг цы ахуыргæнæпдон каст чи фæци, уый—Дауыраты Илитæ ^уы- дысты фронтмæ фæндагыл. ^с , X ./^’ Афтæ райдыдта дыууæ уа’рзæгой уды хæстон фæндаг» сæ чындзæхсæвæй комкоммæ дæр;'бахаудтой ’тугкалæн хæсты арт- дзæстмæ. Афтæ райдылта Дауыраты Илитæ нæ маст исын, йæ амонд- 252
джын цард ын фехалынмæ чи с.рхъавыд æмæ йемæ мæлæт чи гчаста, уыцы æгъатыр знæгтæй. Стыр арæхстдзинад равдыста ирон адæмы хъæбатыр чызг Дауырон фашистон абырджыты ныхмæ хæсты • быдыры. Иу язмæ дыууæ хатты не сымбæлд уæлдæфы знæгты хæдтæхджы- тимæ, фæлæ-иу кæддæриддæр уæлахизæй рацыднс уыцы æнæмсæр тохтæй. Бирæ. хæттыты йæ цард æрдуйыл хæцæгау уыд, фæлæ та-иу абырста мæлæты æмæ-иу æнæзианæй æрбаз- дæхти фæстæмæ. 1964 азы газет «Красная звезда» йæ фыц- цаг номыры «Цæры Ирыстоны хъайтар чызг» — зæгъгæ, уы- цы ран уый фыссы: «Фыдыбæстæйон хæсты азты æз бир,æ цыдæртæ федтон, бирæ зындзинæдтæ бавзæрстон, — фыссы Илитæ, — сымах, æвæццæгæн, федтат кинофильм «Гуссарская балладæ»! Хъуы- ды кæнут уырыссагау чызг-кавалеристы хъайтарон хъуыддæг- тæ Гъе, афтæ мæн дæр фронты адæм æнхъæлдтой лæпиу тæхæг. Æмæ» ам хъуыддаг канд нæлгоймаджы дарæсы иæй. Тохы мæ архайдтытæй фæлвæрдтон нæлгоймæгтæй фæстийæ ма баззайыи. Æз бирæ хæттыты атахтæн комаидæкæнынады хæстæ æххæст кæнынмæ. Иннæты æмрæнхъ æз дæр хайад истон уæлдæфон тохты. Алцыппæт нæ радзурдзынæ ног азы агъоммæ, фæлындзыдгонд елкæйыл цингæнгæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыд æндæр елкæ. ...Иу хатт мæл йæхимæ фæсидтис командир æмæмын рад- та стыр зын хæс: Севастополмæ сывæллæттæн ногазон елкæ баласыи. Бафæлвар-ма елкæ уырдæм нылласын, горæты алы фарс æрхъула кодта знаг. Фæлæ цымæ уыцы хъайтарон горæ- ты сывæллæттæ æнæ елкæ баззайдзысты? Нæ! Елкæ сын ба- ласын хъæуы цыфæнды амалæй дæр. Командæкæнынады кæс- лæвæрд райсгæйæ æз уыцы ’хсæв атахтæн. Елкæ парашют;ыл бафидар кодтон, кардæй йын йæ хъæд афастон æмæ дзы фы- стæг бавæрдтон: «Арфæ уын кæнын, æрхъулайы бахауæг Се- г;астополы зынаргъ сывæллæттæ, ног азы сæраппонд! Мах дæп сымахимæ стæм! Райгуырæн бæстæ уæ нæ рох кæны!». Арæхстгай, хæрзныллæджыты тæхгæйæ, ахызт Дауыроп фронты хаххы сæрты æмæ горæты сæрмæ йæхи бауагъта штольняты районьт, æрыппæрста елкæ< æмæ ногазон лæ- вæрттæ. ( . , Афтæ фронты хаххы сæрты, зынджы цæхæры æхсæнты сывæллæттæм’’арвæй æрхаудис дед-мороз, ныххаста сын дис- саджы лæвæрттæ. * «Иу цасдæр,.рæстæджы фæстæ, — фыссы дарддæр^ Дауы- рон, — горæты ;сылгоймæгтыл, куы ..сымбæлдтæн æмæ куы ба- зыдтой, уыцы елкæ æз æрæппæрстон, уый, уæд уыдон мæнæп радзырдтой, цас цин æмæ зæрд’æйы ныфс æрхаста уыцы елкæ знаджы æрхъулайыбахауæг горæты сылгоймæгтæ æмæ чысыл сабитæн. Махæй никуы ферох уыдзæн уыцы ногазон елкæ, — 253
дзырдтой мын адæм. Ныртæккæ Севастополы, раст елкæ кæи уыдис, уыцы бынаты конд ис мемориалон фæйнæг. Тохы мæ уыдис иу амонд, æз акодтон 82 хæстон атахты æмæ уыдон иууылдæр фæрæстмæ сты». Фæлæ та иу хатт, ногæй фронты хаххы сæрты фæцæй тахт, ласта æрхъулайыбахауæг Севастополы горæты хæстонтæн хæцæн æрмæджытæ æмæ хæлцадон продукттæ. Уый уыд 1942 азы марты Æнæнхъæлæджы фембæлд авд немыцаг «Мессершмитт^л». Удæгасæй йын фæстæмæ аирвæзæн нал ис, бамбæрста хъæба- тыр чызг. Æмæ æнæмсæр тохы бацыдис фыдгулты ныхмæ лæг- дзинады хъазуаты. Уыцы æнæмсæр тохы æрыппæрста знаджы хæдтæхджытæй иу, фæлæ йын йæхи хæдтæхæгæн дæр акъуырд- той йæ къæдзил. Хæдтæхæг хауын райдыдта уырдыгмæ. Или- тæ базыдта йе ’намонд, хъуамæ рагæпп кæна, фæлæ бынæй æгæрон денджыз. Рагæпп ласта судзгæ хæдтæхæгæй. Фæйлауынц Сау ден- джы4,ы улæнтæ, æмæ, цыма, фыдызнагмæ лæбурынц, уыйау улæн-улæны фæдыл мæсты зыгъгъуытт кæны йæхи денджызы бьщы ’рдæм. Бирæ рæстæджы денджызы улæнтæ сæ хъæбысы дыууæрдæм рахæсс-бахæсс кæнынц хъæбатыр цæргæсы — ирон номдзыд чызджы. Бæргæ ма афæлвары, цæф уариау, уæлдæф- мæ йæ базыртæ сисыныл æмæ æгæрон * уæларвон тыгъдады йæ цыфыддæр знаджимæ лæгдзинады хъазуаты бацæуын, фæ- лæ йæ бон стæхын нал у, денджызы уацары бахауд. Бирæ хъуырдухæнты фæстæ йæ советон дæлдон науы ден- джызонтæ фервæзын кодтой. Акодтой йæ Севастополмæ. Цы æфсæддон хайы уыд, уыцы æфсæддон хаимæ йын бастдзинад саразын нал бантыст æмæ хъæбатыр ирон чызг баззад ден- джызон фистæг æфсады. Дауырон ссис уыцы æфсæддон хайьт æвдæм батальоны разведкæгæнæг. «Уыц!ы бонты æз сæмбæлдтæн, — фыссы Дауырон, — стыр зæрдæ кæмæн уыд, ныфсхаст, хъæбатыр, йæ Райгуырæн бæс- тæйы æнæкæрон уарзт чи кодта, ахæм диссаджы чысыл лæп- пуйыл. Уый тагъд немæ схæлар ис, ссис хæстон, мæнæн- та — æфсымæрæй зынаргъдæр. Уый мæн фервæзын кодта мæлæ- тæй. Иу хатт куы уыд, уæд мах æртæйæ араст стæм знаджы фæсчъылдыммæ разведкæйы. Севастополы цур нæм иу посе- лочы æрбадугъ кодта æртындæсаздзыд бурхил лæппу, уый уыдис Валерий Волков. Тæригьæд мæм фæкаст лæппуйы иу~ нæгæй ныууадзын æмæ й.-æ мемæ акодтон. Фронты хаххы сæр1 ты куы фæцæйхызтыстæм, уæд нæ знæгтæ бафиппайдтой æмæ нæ æхсын райдыдтой. Ме ’мбæлттæй ’ иу дзыхъмард фæдйс. иннæ уæззау фæцæф,. ис æмæ уый дæр тагъд амарди. Баззад- тæн Валериимæ. Уый нæ фæтарст’, йе ’ккой баппæрста мард а^мбалы автомат æмæ н,æ дыууæ дæр цыдыстæм дарддæр. Бахæццæ стæм цæугæдонмæ. Доны фыццаг бахызт Вале- 254
рий, йæ автоматыл бæрзонд схæцыд, афтæмæй. Æз дæр йæ" фæдыл аленк кодтон, фæлæ дын раст уыцы рæстæджы дыууж гитлероны æд куыйтæ нæ тæккæ размæ куы фæуиккой. Сæ бон у’ыд донмæ нæ амардтаиккой, фæлæ сæм уый фаг нæ фæкаст æм>æ нæм донмæ æрбауагътой сæ куыйты. Куыйтæй сæ иу мæн æрбаййæфта доны тæккæ астæу æмæ мын мæ буар, мæ дарæс скъуыдтæ кæнын райдыдта. Æз тыхстæн. Фашисттæ худæгæй мардыст’ы. Куыдз мæн куыд скъуыдтæ кодта æмæ куыд удхар кодто’н, немыцæгтæ уымæ кæсыныл фесты, Валерикмæ сæ- хъус нал æрдардтой. Иу рæстæджы фæкастæн Валерикмæ. Раст уыцы уысм у’ый йæ автомат былы ’рдæм фæцарæзта... автоматы къæр-къæр ссыд æмæ немыцæгтæ æрфæлдæхтысты доны был’ыл. Уыцы хабар æз рæстмæ нал ауыдтон, куыдз мыл уæлийæ æруæз кодта æмæ мæ дон йæ бынмæ æрласта. Иу рæстæджы м.æ куыдз феуæгъд кодта, æз сленк кодтон до- ны бынæй, кæсын æмæ доны улæнт’ыл куыдз цæгъды йæ гæн- дзæхтæ, уадид фæдæлдон. Валерий мын баххуыс кодта дон~ былмæ раирвæзынæн. — Нæ фæцæф дæ? — тыхстхуызæй мæ афарста лæппу, — куыдзы куы фехстон, уæд тынг тарстæн, куы дæ фæцæф-кæ- нон, уымæй. Афтæ базонгæ дæн диссаджы æвзонг лæппу Валерий Вол- ковимæ. Уый канд хъæбатыр хæстон нæ уыди, фæлæ ма фыста æмдзæвгæтæ дæр/ Ие ’мдзæвгæтæ мыхуыр кодта, йæхæдæг цы къухæй фыст газет уагъта «Окопская правда», уым. Æвæджиау стыр сты ирон бæгъатыр чызджы сгуыхтдзи- нæдтæ. Севастополы æгъуыстаджы хъахъхъæндж’ытнмæ уый дæр фæстаг нæмыджы онг æнувыдæй тох кодта фашистон абырд!жыты ныхмæ. ’ '■ Уый фæстæ Советон Æфсад размæбырсты куы ацыд, уæд уый дæр Советон Æфсады рæнхъыты бырста размæ. Фæци Фыдыбæстæйон хæст. Илитæ уæззау цæфтимæ æрыз- дæхтис йæ’ райгуырæн уæзæгмæ, йæ риуыл æхсæз хæстон хорзæхы, афтæмæй. Æрыздæхт номдзыд ирон чызг! Фæлæ сæхимæ не ’риййæфта йæ уарзон адæймаджы, па^ тохы æмбал Александры. Уый нал æрыздæхт йæ фыдыуæзæг- мæ. Басыгъд хæст’ы арты Илитæйы сыгъдæг æмæ тыхджын уарзондзинад! Цæры Ирыстоны номдзыд сылгоймаг. Цæры æмæ цæрдзæ- нис æнусты йæ кад, йе ’гъуыстаджы ном. А
Платы Илья АРТИЛЛЕРИСТ аташвили Георгимæ Сырх .Æфсадмæ æрсидт!ысты 1939 азы. Æвзыгъд æмæ арæхстджын лæппу йæ хæстае дыры- сæй æххæст кодта, зæрдиагæй куыста æфсæддон дæсныйад ахуыр кæныныл æмæ йæ уымæгæсгæ арвыстой æфсæддон ахуыргæнæндонмæ. , , ., • 1940 азы’ Прибалтикæйы æртæ республикæйы: . Латвп, Литвæ æмæ Эстони, стæй Хурныгуылæн Украинæ æмæ Хурны- гуылæн Белорусси Советон Цæдисимæ куы ’рбаиу сты, уæд уым нормалон уавæртæ саразыны сæраппонд не ’фсæддон хачитимæ хайад иста , Даташвили Георги дæр. — Мемæ иу æфсæддон хайы службæ кодта не ’мзæххои Дзассохты Коля дæр. Уый;уыдис иттæг хорз æмбал. Мах^ей йæ акодтой æфсæддон Академимæ æмæ мын уыцы хабар.æх- сызгон уыдис, — афтæ арæх/æрымысы йæ хæстонæмбалыТе- орги'„ ’ '.л-н,';." * • <& Фыдыбæстæйон хæст райдыдта. Немыцаг фашисттæ сыр- дон æгъдауæй æрбабырстой нæ бæстæмæ. Цыбыр рæстæджы бирæ хъæутæ æмæ горæттæ бацахстой. ’ Ш Георгп цы дивизийы уыдис,\ уый фæстæмæ алæуукньА’сæр ,бахъуыдис, кодтой хъахъхъæдадон тохтæ размæбырсæг немы- цаг фашистты ныхмæ. 256
Гнтлеронтæ Кавказы хохрæб’ынтæм куы бахæццæ сты, уæд Георги цы дивизийы уыд, уый хъахъхъæдта Дзæуджы- хъæумæ бацæуæи бынæттæ. "— Иунæг къахдзæф дæр фæстæмæ лæууæн нæй! — ахæм бардзырд радта Уæлдæр Сæйрагкомандæгæнæг И. В. Сталин. Советон хæстонтæ удуæлдай тох кодтой цыфыддæр знадж’ы ныхмæ. Немыцаг æфсæдтæ æрбахæццæ сты Мæздæгмæ æмæ Ел- хотмæ, стæй та Алагирмæ. 1942 азы 7-æм ноябры Гитлеры фæндонмæ гæсгæ тыхгæнджыт’ы митинг хъуамæ уыдаид Дзæу- джыхъæуы горæты Кавказы байсты фæдыл. Терчы фаллаг фарс сæхи æрфидар кодтой гитлеронтæ, тмахуæтты æхстой сармадзантæй, калдтой с’ыл бомбæтæ. Гвардион взводы командир Даташвили Георги йæ хæстон- тимæ æхсæвы тары æппæты фыццаг Терчы сæрты ахызтысты, гитлеронты фæсчъылдым сæхи æрфидар кодтой, æмæ, знæгтæ .æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæмæй сæ æхсын райдыдтой. Немыцæгтæ дыууæрд’ыгæй æрхъулайы бахаудтой æмæ дæрæн л?рцыдысты. Уыцы хæстон операцийы Георги йæхæдæг 152-миллиметрои «сармадзанæй скуынæг кодта иу немыцаг танкæ æмæ ф{ынддæс салдат æмæ^ афицеры. Гъе, уымæ гæсгæ йæ командæкæнынад схорзæхджын кодта Хъæбатырдзинады тыххæй майданæй. 1943 азы 29 сентябры сырхæфсæддон газет (газеты экзем- пляр ис Хуссар Ирыстоны Бæстæзонæн музейы) Даташвили Ге- «оргины тыххæй йæ уацы афтæ фыссы: «Се ’фсæддон дæсныйад хуыздæр кæнгæйæ, артиллерист- тæ сты рæстдзæвин æмæ знагыл комкоммæ æмбæлынц нæм- гуытæ. Раззагон сармадзаны командир, гвардийы старшинæ Да- ташвили Георги хорзæхджын æрцыдис Хъæбатырдзинады т’ых- хæй манданæй. 1944 азы фæззæджы 1-аг Белоруссаг фронт Советон Цæди- сы Маршал Г. К. Жуковы командæйы бын æнтысгæйæ размæ бырста æмæ сæрибар кодта æфсымæрон Польшæйы зæххытæ. Карз тохгæ цыдис Ригамæ хæстæг. Немыцæгтæ архайдтой го- рæты сæхи æрфидар кæныныл. Танкæты колоннæ рарвыстой размæбырсæг Советон Æфсæдты ныхмæ. Фæлæ авиаци æмæ артиллерийы æмархайдæй немыцæгтыл стыр зиæнттæ æрцы- дис æмæ фæстæмæ алæууыдыс^ы. Хъазуат ныббырсты фæсти- уæгæн Ригæ сæрибар æрцыдис. Георгпйы гвардион взводы хæстонтæ æппæты фыццаг ба- бырстой Ригайы/горæтмæ, артиллерион зынгæй ску^ынæг код- той цалдæр танчы, дæсгай гитлеронтæ сæ мæлæт ссардтой. Стыр знæнттæ æрцыд знаджы техникæйыл. Иттæг хорз артиллерист (Георгийæн лæвæрд æрцыд ри- уылдарæн нысан «Отличный артиллерисг») уыцы тохты хъæ- 17* 257
батырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йын радтой Сырх Стъалыйы орден. Советон æфсæдтæн бонæй-бонмæ сæ къухты æфт’ыд ног уæлахиздзинæдтæ. Боныфæстагмæ, бахæццæ сты гитлерон Германы зæхмæ. Алы советон хæстон дæр йæхи размæ а?п- пæрста, цæмæй знаджы скуынæг кæна йæ лæгæты. 1945 азы 5 апрелы не ’фсæдтæ Берлинмæ куы бырстой, уæд взводы’ командир Даташвилийæн хæсгонд æрцыд знаджы зынгон тæпп скуынæг кæнын. Цæвиттон, немыцæгтæ алы уын- гæй æмæ алы хæдзарæй дæр æхстой алыгъуызон хæцæн- гæрзтæй. Уыимæ иумæ авиаци æмæ танкæйон колоннæты æмар- хайдæй, алыгьуыз хæцæнгæрзты æмæхстæй зæхх æнкъуысти, фæлæ уæддæр немыцæгтæ, сæ тыхтæ æмбырд кæнгæйæ, тых- джын иыхмæ лæууыдысты. Уымæ гæсгæ архайын хъуыд тынг арæхстджынæй. Йæ хæстон хæс æнтысгæйæ кæй сæххæст кодта æмæ лæг- дзинад кæй равдыста Берлины сисыны сæрыл тохты, уый т’ых- хæй Даташвили Георги хорзæхджын æрцыд Ф’ыдыбæстæйои Хстсты Н-аг къæпхæны орденæй. Советон Æфсад фашистон Германыл фæуæлахиз. Гптле- ры æппæлой æфсæдтæ сæ зонгуытыл æрлæууыд’ысты. Цымыдисаг у Даташвили Георгийы тохы фæндаг. Йæхæ- дæг афтæ фæзæгъы: — Кавказы хохрæбынтæй суанг Берлинмæ, Рейхстаджы онг къахæй фæцыдтæн хæцгæ, æмæ йæ чи зоны, цал немыцаджьг бадæлсыджыт кодтон мæ уарзон хæцæнгарзæй. (Георпшы сармадзан фронты раззагоныл н’ымад цыдис). Хæсты фæстæ Георги æрыздæхт йæ райгуырæн хъæу Та- марашенмæ. Ам райгуырдис 1917 азы, мæгуыр зæхкусæг би- нонты ’хсæн. 1933 аз’ы авдазон скъола каст фæци горæт Цхинвалы æмæ 1938 азы та — Тбилисы хъæууонхæдзарадок техникум. Хæсты фæстæ азты куыста областон тауинæгты базæйы, стæй та сæхи хъæуы колхозы фермæйы гæсæй. Ныртæккæ ку,- сы Тамарашены совхозы хайады бригадирæй. Георги фрвнты куыд раззагон уыди, афтæ сабырадон цар- ды дæр у раззагон, цæвиттойнаг. Фарон аз йæ бригадæ куьк сты пълантæ сæххæст кодтой уæлдайджынтæй æмæ йын лæ- вæрд^ æрцыд Коммунистон куысты бригадæйы кадджын ном, æхцайы преми, цæугæ Сырх тырыса æмæ грамотæ. Георги СЦКП уæнг у 1942 азæй. Йе *мкъай Джиоты Та: мараимæ иумæ сæ ку’ысты фæрцы кæнынц æнгом цард. Сæ лæппу Картлос ахуыр кæны . Хуссар Ирыстоны пединституты физикæ-математикæйы факультеты. '; ^
Бзгдоаты Алисолтан ДАТИТЫ ХÆСТОН 1æрдæргъæвд лæппу уыд Албег. Р1ттæг хорз бæ- рæггæнæнтимæ каст фæци Калачы æфсæнвæндаджы техли-г кум æмæ кусын райдыдта Мингечауры егъау, арæзтады. Афæдзы дæргъы бакуыста уыцы вазыгджын арæзтады техникты-топографты къорды разамонæгæй. Лæппу йæхи рав- дыста стыр арæхстджынæй, каднмæ сарæхсти йæ бæрнон хæ- симæ æмæ арфæдзинæдтимæ æрбаздæхт фæстæмæ Калакмæ. Ардыгæй йæм фæсидтысты Советон Æфсадмæ. Арвыстой йæ полчы æртæазон скъоламæ. Каст æй фæцч æнтыстджынæй. Саккаг ын кодтой кæстæр лейтенанты ном. Иыр йæ размæ æр- лæууыд бæрнондæр хæстæ. Æмæ бирæ стыр цауты баззадис Албеджы ном. Парти æмæ Советон хицауады фæндонмæ гæсгæ Волгæ- Доныл хид куы арæзтой, уæд уым йæ риуы æмбæрц размæ чи ц’ыдис, уыдонимæ уыди Датийы фырт. Йæ æнувыд æмæ сфæл- дыстадон фæллойы тыххæй йын иннаэ раззагдæртимæ иума> лæвæрд æцыд хицауадон хæрзиуæг. Бæрнон хæслæвæрд æм- 259
гъуыдæй раздæр чи сæххæст кодта, уыдоиы Мæскуымæ, Кре- млмæ куы æрбахуыдтой, уæд парти æмæ хицауады раза- монджытимæ иумæ сæрыстырæй бадтис æмæ ныхас кодта не ’мбæстаг. Нæ бæстæйы хуссары арæныл хъахъхъæнынады ахадындзинад кæмæн уыдис, ахæм стыр хидтæ куы арæзтой, уæд уым дæр йæ фæллойы хай бахаста Албег. Бирæ рæтты ныууагъта йæ хорз ном ирон афицер. Хистæр командиртæ уыдтой, Датийы фырт кæй у стыр гонды хицау, хъæппæрисджын, иудадзыг размæтырнæг. Æмæ сæ Харьковмæ куы аивтой, уæд хистæр лейтенант Албег æвæрд æрцыд полчы скъолайы сæргълæууæгæй. Бирæ бацæттæ код- та, æфсады æхсызгон чи хъуыд, ахæм специалисттæ. Стæй та йæ аст мæйы æмгъу’ыдмæ арвыстой Батуммæ, бæстæйы хъахъ- хъæньшы мадзæлттимæ баст хæслæвæрдимæ, уырдыгæй — фæс- тæмæ Харьковмæ. Афтæ у æфсæддои цард. Кæм бахъæуай, уырдæм ацæ- уыиыл дыууæ зæгъæн нæй. Ахæм хуызы цыдис Датиты бинон- ты цард дæр. Тбилис, Батум, Мингечаур, Саратов, Харьков — кæм нæ ацардысты. Албег та Батумæй куы «æрыздæхт, уæд фæцинтæ кодта сабитыл, стæй æрбадт чысыл стъолы цур, йæ къух æрæвæрдта йæ къай Тамарæйы уæхскыл æмæ йын загъта: — Мæ зынаргъ, зонын, бирæ зындзинæдтæ кæй æвзарыс, мæнæн дæр æнцон кæм вæййы æнæ сымах, æнæрæвдыд цард, фæлæ æндæр гæнæн нæй. Службæ у службæ. Хъуамæ тагъд рæстæг макæдæм уал ацæуон. Афтæ мæм кæсы. Æмæ уæд наз хъыг дæр æм<æ нæ цин дæр уыдзæн иу, иумæ рæвдаудзыстæм нæ сывæллæтты, стæй нæхицæн дæр хуыздæр фадат уыдзæн хи аирхæфсынæн... Цы ма загътаид сылгоймаг. Зыдта йе ’мбалы æнкъарæн- тæ, уый дæр бинонты ’хсæи уæвып къаддæр кæй нæ фæнды, барвæндонæй йæ дыууæ чызгæй иу минут дæр кæй нæ фæхи- цæн уаид, уый. Цæвиттон, цы уыдис, уый уыдис, фæлæ сын кæдæй уæ- дæй фадат фæци иумæ, хъæлдзæгæй, куыд сæ фæнды, афта* ацæрынæн. Æмæ сæ арæзтæй сæхицæн хорз зæрдæ æрæвæрд- тон. Сæ алы къахдзæфæй зæрдæ рухс кодта. Сабитæ бахъæл- дзæг стьт, бамбæрстой мад æмæ фыды рæвдыд. Фæлæ бнрæ бонты нал ахаста сæ буц цард. Сæ уарзои адæмнмæ иумæ бæркадджы’н фынгыл уарзон ныхæстæ куыд кодтой, афтæ сæм æрбайхъуыст æнамонд хабар: немыцаг фа- шнсттæ æрбалæбурдтой нæ Райгуырæн бæст^æмæ. ! Бæстæ^ фæдис^сснс. Сылгоймæгты, сывæллæтты, ’зæрæдты машинæтæй ластой станцæмæ, уырдыгæй поездты — Кавказ- 260
мæ, фæсчъылдыммæ. Мæнæ иу гом машинæ дыууæ салдати- мæ’ æрбалæууыд Датиты дуармæ. Радзур-бадзур æмæ ракæ: бакæйæн фадат кæм уыдис. «Тагъд, тагъд, машинæмæ», — тыз; мæгхуызæй дзырдтой салдæттæ. Тамарæ, æфсæддонты æххуысæй, йæ рог дзаумæттæ маши- нæмæ бакалдта, сывæллæтты арæвдзытæ кодта, æмæ сын сæ къухтыл рахæцыд. Машинæмæ куыд фæцæйцыдысты, афтæ лæфлæфгæнгæ æрбалæууыд Албег. Уый хабар зыдта æмæ тар- сти, йæ биноиты куы нæ уал æрбаййафа, уымæй. Албег шофы- рæн ацамыдта, чысыл ма афæстиат у, зæгъгæ, стæч хæсгæг бацыд йæ бинонтæм æмæ сæм æнæ исты дзургæ æдзынæг кæ- сы. Уыдон дæр æм сæ цæстытæ ныццавтой. Сылгоймаг лæ- мæгъ зæрдæ кæм нæу. Тамарæ ныттыхсти Албегыл, стæп мык- куыдта. Уымæ гæсгæ æруадысты сывæллæтты цæстысыгтæ дæр. Уæд Албег йæхи ратыдта Тамарæйæ æмæ сабиты ’рдæм фæци. Сæ сæртæ, сæ гыццыл цæсгæмттыл сын йæ къухтæ æруæгътытæ кодта. — Хæрзбоп, хæрзбон, мæ бинонтæ! Бахъахъхъæнут уæхи. Мæнæн дæр мæ амонд конд у. Æгаддзинад мæ сæрмæ не ’рхæс- дзынæн! Афгæмæй бинонтæ дыууæ машинæйы араст сты фæй- иæрдæм — иутæ — фæсчъылдыммæ, Албег та — хæсты. арты нæхæрмæ. ФыцпаР бонтæй фæстæмæ Хуссайраг фронты æфсæадои хæйттыл айхъуыст Датийы фырты’ кой. Хъæбатыр команди- рæй равдыста йæхи. Цыбыр рæстæджы фæстæ фропты- газеты фæзынд статья Албеджы сгуыхтдзинады тыххæй, йæ хуыз- истимæ. ...Знаг афтæ тынг æхста, æмæ донбылгæроимæ хæстæг бацæуæн ,нæ уыд. Хид срæмудзыныл фыццаг фæлтæрæнтæ фæсыкк сты, фæлæ уый хистæр лейтенант Датийы фырты ныфс нæ асаста. Уый зындзинæдтæн лидзыныл ахуыр нæ уыдис. Хъуыды к’одта хъуыддаг рамбулыныл, æмæ, æппынфæстаг, æр- хъуыды кодта хорз фæнд. Цистернæ байдзаг кодтой рæмудзæн æрмæгæй æмæ йæ паравозимæ аскъæрдтой фæндагыл. Уыйтагъд згъордта нысан- мæ. Цистернæ бахæццæ хидмæ, æрлæууыд, фæлæ æрмæг не схæцыд. Хъуыддаг та фæсыкк! Адæмæн фырмæстæн сæ дæн- дæгты къæс-къæс цыдис. Албег бакасти йе ’мбæлттæм æмæ фидарæй запьта: — Хидæн ’цыфæндыйæ дæр >æнæ срæмудзгæ нæй. Æмæ уый мах тæккæ абон бакæндзыстæм. . ...Талынг кæнын байдыдта. Тынг зын уыдис размæ бырын хуылыдз, бырынцъаг зæххыл. Фæлæ Датийы фыртæн уыцы къæвда тынг æх’сызгон уыд, уымæн æмæ йын йæхи дæр æмæ йæ сахъ æмбæлтты дæр æмбæхста знагæй. Талынджы зындысты хиды æндæргтæ. Знаг ис хæрз хæс- тæг. Уымæн йæ пулеметтæ арæзт сты риумæ. Гыццылдæр фез- 261
мæл, базонын кæн дæхи, уæд знаджы иæмгуытæй цал аирвæз- дзынæ. Мæнæ цистернæ дæр. Æфсæнвæндаджы кусджытæ зынг бафтыдтой рæмудзæн . æрмæгыл æмæ фæтагъд кодтой фæстæмæ, цæмæй ма бахауой арты цæхæры. Срæмыгъта, дну- уадæс тоннæйы артаг цы цистернæйы уыд, уый. Хиды ныр- хæнтæ .кæдæмдæр фæтахтысты. . Уыцы сахат райхъуыст знаджы пулеметты къæр-къæр, ми- наметты æхситт, фæлæ байрæджы кодтой. Иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыста Датийы фырт ахазм сгуыхтдзинæдтæ. Иу æмæ дыууæ хиды æмæ æфсæнвæндаджл не срæмыгъта уый стыр зын уавæрты. Хъæбатыр командир, ’коммунист Датиты Албег 1941 азы 22-æм августы æвæрд æрцыд æфсæддон хайы комачдирæй. Æмæ уый разамындæй æфсæддон хай ’къорд бæрзæйсæтгæн цæфы ныккодта немыцаг фашисттæн. Уый тыххæй йын лæ- вæрд æрцыд Сырх Тырысайы орден. Уыцы хабар бинонтæ ба- зыдтой газеттæй. Сæ цинæн кæрон нал уыд. Фронты хæстон историйы сыгъзæрин дамгъæтæп фыст æр- цыд ст’анцæ Сентяновкæйы (Донбасс) цур операци. 5æрнон- дæр хъуыддаг фæдзæхст æрцыд Албеджы æфсæддон хапæн. Знажы фидæрттæ цыфæндыйæ дæр ныппырх кæнын — ахæм уыд уæлдæр командæгæнджыты хæслæвæрд. Уымæй аразгæ уыд æнтыстдзинад. Ам уыд стыр тыхтæ, бирæ фидæрттз\ альь хуызон хæцæнгæрзæ æмæ афтæ нымадтой, цыма сæ ныхмæ никæцы тыхтæ æрлæудзысты. Фæлæ дзæгъæлы афтæ хъуыды кодтоп. Албеджы разамындæй æфсæддон хай ныббырста зна джы сæйраг фидæргтæм, суагътсй сыл сæрсæфæн арт æмæ немыцæгтæ лидзæг фесты, бирæ хæцæнгафзтæ ныууадзгæйæ. Ног, стыр сгуыхтдзинад. Фæлæ... лидзæг знаджы æнæнхъæлæ- джы нæмыгæй .командир фæмард. Уый уыд 1941 азы 21 ноя- бры. Иæ цард Райгуырæи бæстæйы сæраппонд чи радта, сал- дæттæн, афицертæн тых æмæ ныфс чи лæвæрдта, иу уæлахиз- дзинадæй сæ иннæмæ чи кодта, уый — Датиты Албег стыр кад æмæ намысимæ ныгæд æрцыд Луганскы Максим Горьки- йы помыл культурæйы æмæ фæлладуадзæн парчы. Æхсар- джын командирæн фæстаг цыт радтынмæ æрæмбырд сты сал- дæттæ, афицертæ, горæты партион æмæ советон организаци- ты, фæллойгæнджыты минæвæрттæ. — Фæстаг туджы æртахы онг æнауæрдон тох кæндзы- стæм оккупантты бындзагъд , ныккæныныл, — ард бахордтой æфсæддонтæ Албеджы ингæны уæлхъус. ■*
Асаты Реуаз ДУДАЙТЫ ЦÆХÆРЦÆСТ 14енины орден №9462», зæгъгæ, ахæм сæримæ дæл- дæр’мыхуыр цæуы Туаты Харитоны цард æмæ хъæбатыр тохы фæндагыл фыст очерк. Æмæ уымæн æрмæджытæ куы æмбырд кодтон, уæд мын Туайы фырт фенын кодта иу æвзонг, рæсугъд, бæзæрхыг лæппуимæ хæстон дарæсы ист ныв. Капитаны ри- уыл рæгъ-рæгъы фидыдтой Сырх Тырысайы, Сырх Стъалыйы æмæ Фыдыбæстæйон хæсты дыууæ ордены. — Чи у, кæцон у уыцы цæхæрцæст лæппу та? — афар- стон Туаты Харитоны 1969 азы 29-æм июны Ставраполы кра- пы Алексамдровскы районы Тельманы номыл колхозы. — Мах иумæ схъомыл стæм чысылæй фæстæмæ, — дзуапп мын радта Харитон. * ; Æмæ, æцæгдæр, бирæ ис иумæйагæй дыууæ ирон лæппу- пы бнографийы.'гДудайты Викторы дæр-, Туаты Харитонау, йа> мад æмæ йæ фыд цардагур акодтой Бихъары комæй, æр- мæст иу афæдз раздæр — 1929 азы. Ставраполы краймæ алкдзæг Бихъар, Цъипор, Цъинагар, Ленингор, Махис, Сабар- 263
чъет, Цъалисубан. Гром, Ардис æмæ Олоптайы хъæуккæгтæ æрбынат кодтой æгæрон, æдзæрæг быдырты æмæ сæ ног хъæ- " уыл сæвæрдтой ном «Хуссар Ирыстон», зæгъгæ. Бæгънæг быды- ры æрцардис 80 хæдзары. Дудайты Виктор фæсхох арæх мысыд, кæм райгуырд, фыццаг ирон дзырд йæ дзыхæй кæм схаудта,' йæ къахыл кæм слæууыд, уыцы комбæстæ. Ам, Бихъары хъæуы, мæгуыр зæх- кусæг лæг Дудайты Лексойы хæдзары 1922 азы райгуырдис лæппу. Фæлæ уæд цы бæрæг уыдис, Викторыл сомбон сæрæн- гуырд æмæ цæхæрцæсты ном кæй сбаддзæн, уый. Рæсугъд у Бихъары ком. Чысыл лæппу тынг уарзта Медзыдайы доны нæхи найын, йæ былтыл фос здахын. Æмæ уыцы рæсугъд хæх- хон æрдзы нывтæ йæ цæстытыл уадысты, фæсхох быдырмæ цæрьшмæ куы алыгъдысты, уæд дæр. Хох æмæ быдыр — уыдон бынтон æндæр æмæ æндæр конт- раст сты. Æмæ скъоламæ цæуынхъом саби чысылгай цайдапь кодта ног æрдз, ног царды нывтыл. йæ цæхæр, удæгас пæсты- тæй фæлгæсыдис Уырысы фæтæн, æгæрон быдыртыл, дард кæмдæр сыгъдæг цъæх арвы горизонты кæронмæ. Уыцы дуджы аразын райдыдтой колхозтæ. Ног æрлидзгæ- тæ сæ колхоз дæр схуыдтой сæ уарзон Райгуырæн бæстæйы номæй «Красная Южная Осетия». Лекси æмæ йæ бинонтæуы- дысты, колхозмæ æппæты разæй чи ’рбацыд, уыдон æхсæн. Райдианы мæгуыр цардысты. Колхозмæ фæллойæ уадиссаг хæсгæ дæр ницы бакодтой. Фæтæген йедтæмæ электры рухс дæр кæм уыд. Хъæууонхæдзарадон техникæйыл ма та чи дзырдта. Фæлæ бон цыдис æмæ фарн йемæ хаста. Æппæт аразæг куыст æмæ фæллой кæм сты, уым фидар кæнын рай- дыдта артель дæр. Адæм сæ куысты фæстиуæг сæхи цæстæ^г федтой. Иæ къахыл слæууыд Лексийы хæдзар дæр. ФæсхохæГр цы чысыл сабитæ ’ркодта, уыдонмæ ма фæд-фæдыл цалдæр бафтыд æмæ йæ зæнæг систы 11 адæймадлш — фараст лæп- пу æмæ дыууæ чызджы. Виктор ахуырмæ бацыд сæ хъæуы райдиан скъоламæ. Уый фæстæ каст фæцис аст къласы. Бацыд ленинон фæскомт цæдисы рæнхъытæм. Æмбаргæ лæппу фæйнæрдæм акæстытæ- кодта. Хæдзары цъыбар-цъыбур кодтой уый æппæт æнахъодг сывæллæттæ. Сæ дарыны .уæзæй фæхай кæнон мæхицæн, фæ- рогкæнои мæ ныййарджыты хъиамæт, зæгъгæ, æмæ трактори- сты 6-мæйон курсытæм бацыд сæ хъæумæ ’ввахс Новоселицы МТС-ы. Туаты Харитонимæ 1939-æй 1941 азмæ сæ хъæуы кол- хозы фæкуыстой трактористтæй. Дудайты лæппу дыууæ азьг фад-фæдыл йæ хорз куысты ^руаджы райста1 лæвæрттæ. Йа* фыд уыдис активон колхозон, \нæ мад райдианæй суанг фæс- хæсты онг дæр куыста кæрдзынгæнæгæй æнæхъæн хъæуæь. Стыр Фыдыбæстæйон хæст’ куы райдыдта, уæд дыууæхæ- лары — Туаты Харитон æмæ Дудайты Виктор дæр иумæацы- 264
дысты сæ Райгуырæн бæстæ, хъахъхъæнынмæ. Дыууæ мæйьг ацахуыр кодтой кæстæр авиаспециалистты æфсæддон скъола- йы- горæт Батайскы. Æххæст ахуыр нæ фесты, афтæ сæ фронт- мæ арвыстой. Фæхицæн сты дыууæ æрдхорды. Дудайы фырт бахаудта Донбасмæ.. Уæд немыцаг-фашистон абырджыты къухты уыдис горæт Артемовск. Уым сæ ныхмæ хæцыдис Со- ветон Æфсады 54-æм танкæйон бригадæ. Уый скондмæ бахау- дис Дудайы фырт æмæ уыдис танкæтæ куынæггæпæг "дæлхп- йы командир сержанты æфсæддон чины. 1942 азы 22-æм фев- ралы, Сырх Æфсады райгуырды хæдразмæ бон, гитлерон ты- хæйисджытæн карз, æгъатыр тох самадтой махонтæ. УьшæГг цырындæр æмæ æнауæ’рдондæр ныббырст уыднс Сырх Æфса- ды бон — 23-æм февралы æхсæвыцъæхæй. Не ’фсæдтæ рай- стой стыр станицæ Николаевская ссæрибар кæныиы бардзыр^. Уыцы цæрæн пунктæн уыдис егъау стратегион нысаииуæг фрсп- ты ацы здæхты. Уый дыууæ хатты цыдис къухæй-къухмæ. Æмæ йæ ацы хатт махонтæ систой, немыцы фæсырдтой. Чы- сыл зиæнттæ не ’рцыдис махыл дæр. Уыцы карз тохты фес- 1уыхтысты хъæбатыр, ирон лæппуйы дæлхайы хæстонтæ. Дудайы фырт цы 54-æм танкæйон бригадæйы хæцыдис. уый-иу баппæрстой, фронты зыидæр быиæттæм. Фæцис Старый æмæ* Новый Осколы сæрыл уæззау тугкалæн тохты. Ахæм хъазуат ныббырстыты фæстæ, апрелы мæйы, уыцы бригадæйы æфсæддон хæйтты фæстæмæ рарвыстой улæфынмæ, ног тых- тæй баххæст кæнынмæ æмæ дарддæры тыхæвзарæн тохтæм ба- нæттæ кæнынмæ. 1942 азы сæрды нæ бæстæйы Хуссар ранонты немыцаг-фа- шистон тыхæйисджытæн ранæй-рæтты бантыстис фронты раз- заг хахх атонын. Махонты бахъуыдис фæстæмæ алæууын, цæ- мæй сæ удæгас тых æмæ хæстои техникæйыл къаддæр зиæпт- тæ ’рцыдаид. Уый хыгъд, хъахъхъæдадон тохтæ кæнгæйæ, не ’фсæдтæ бирæ ныццагътой знаджы размæбырсæг салдæттæ æмæ афицертæй. Цъус сын нæ ныддæрæн кодтой сæ хæстон тех- никæйæ дæр. Уæд, Дудайты Виктор кæм хæцыдис, уыцы бри- гадæ нæ ног тыхтæ бафæлвæрдта гитлеронты ныхмæ тохты Изюм-Барвенковойы здæхты, Верхный Лисичанскы районы, стæй станцæ Узловаяйы цур (Харьковы, областы). 54-æм тан- кон бригадæйы уæддæр хуссары немыцæгты сæрдыгон раз- мæбырсты рæстæджы тугуарæн, æнæмсæр тохты бахъуыдис суанг фурд Донмæ фæстæмæ алæууын. Немыцæгтæм уыцы ду- джы танкæтæ фылдæр уыдис. Фæлæ сын махонтæ уæддæр сæ размæбырст, се "лхъывдад урæдтой карз, удуæлдай* тохты. Иу- ахæмы Донмæ ’ввахс, Донецæн йæ рахиз донбылгæрон, уа^’з- зау. фæцæфис хъæбатыр ирон лæппу. Ныппырх сты йæ къухы ’ртæ ’нгуылдзы (ныртæккæ’ дæр’ ма пын дзы 2 нæ кусы). Фæ- цæф йæ ’галиу агъд дæр æмæ бахаудта горæт Челябинскы эвакогоспиталтæй сæ иумæ. Уым хос кодта æртæ мæйы бæрц. 265 -
Æмæ, дын, иухатт куы уыд, уæд госпиталмæ иу булкъон а?рцыдис. Чи сдзæбæх ис, уыдонæй Свердловскы фистæгæф- сæддон ахуыргæнæндонæн равзæрста цалдæр æфсæддоны. Уыдон æхсæн уыдис сержант Дудайты Виктор Дæр. Ныххæц- цæ сты горæт Свердловскмæ æмæ 1943 азы фæззæджы рай- дыдтой ахуыр кæнын. Иу афæдзы фæстæ йæ афицерæй рауагъ- той, лейтенанты æфсæддон ном райста æвзонг ирон лæппу. Иттæг хорз сахуыр кодта тактикæ, хæстон хъуыддаг. Æмæ йæ 1944 азы пюны арвыстой инæлар-лейтенант Перхоровичы 17-æм армийы 132-æм дыууæ хатты Сырхтырысаджын, Суворовы орденхæссæг Бахмачы номыл æхсæг дивизийы 605-æм æхсæг полкм-æ. Уæд 1-аг Белоруссаг фронтыл командагæнæг уыдис зынгæ советон полководец," армийы инæлар К. К. Рокоссов- ский. Йе ’фсæдты ныхмæ Белоруссийы территорийыл хæцы- дис немыцаг армиты къорд «Центр». ДудаГпы Виктор æмæ йемæ Свердловскы ахуыргæнæндо- нæй чи ’рцыдис, уый — лейтенант В. Л. Красильииковимæ июлы мæйы иу батальоны райстой фæйнæ взводы. Полчы командир дæлбулкъон Иван Соловьев йæ батальонты раз æры- вæрдта дырыс, бæлвырд-бæрæг хæстон ^ хæс. 3-æм æхсæг батальоны командир майор Филин фæсидтис ротæты командир- тæм æмæ сын бамбарын кодта хъуыддаг. Афтæ бакодтой ро- тæты раздзæуджытæ дæр. 132-æм æхсæг дивизийы хæстон по- зицитæ цыдысты Ковель æмæ Сарныйы районы (уыцы горæт- тæ ма уыдысты знаджы къухты). Уыцы дуджы не ’фсæдтæ сæрсæттæн цæфтæ фæкодтой гитлерон армиты къорд «Юг»-æ'и Украинæйы зæххыл. Уыдон бафæзмыдтой Белоруссийы фрон- ты æфсæдтæ дæр. Фæлæ ранæй-рæтты знаг тыхджын ныхмæ лæууыд. Дудай- ты Викторы взводæн комбат бабæрн кодта зын æмæ ахсджи- аг хæстон хæс — дыууæ фæндаджы кæрæдзийы дзуарæвæрд кæм лыг кæнынц, уый немыцæгтæй байсын æмæ сын рахиз флангæй сæ удæгас тых æмæ хæцæн æрмæджытæй семыдзаг уæзласæн машинæтæ сэвакуаци кæкыны фадат ма радтый. Уы- цы хæс иттæг хорз аскъуыддзаг кодтой ’ фæлтæрд æмæ хъару- джын командиры хæстонтæ. Уыдон æвиппайды сæрзилæн фæ- цæфты руаджы гитлероитæн сæ бон нал бацис фæстæмæ, Хур- ныгуылæпы ’рдæм алæууын, — сæ фæндаг сын алыг кодтой, бирæ дзы ныццагътой æмæ иннæты та уацары ракодтоп. Уы- цы операцийы тыххæй Дудайты Виктор райста фыццаг хæстон хорзæх — Сырх Стъалыйы ’орден. Знаг фæсаст советон артиллери, танкæтæ, авиацн æмæ фистæг æфсæдты арæхстджын æмархайды æмæ массон фæ- цæфты руаджы. Ахæм æнтысгæ, размæбырсæн тохты махон- тæ ахызтысты цæугæдон Нарев’ыл, бахæццæ сты фурд Бугмæ, систой горæт Брест-Литовск (Брестæн галиуæрдыгæй). - Советон æфсæдтæ карз, дæргъвæтин тохты фæстæ сейтя- 266
бры мæйы ахызтысты фурд Бугыл æмæ немыцаг-фашистон ты- хæйисджытæн ахъаззаг тохтæ самадтой æфсымæрон Польшæ- йы зæхх ссæрибар кæныны сæрыл. Дыккаг^ дунейон хæсты райдианы, ома 1939 азы 1-æм сентябры, гитлеронты фыццаг цæфты уæз чи бавзæрста æмæ сын сæ цъыф цæфхæдты бын уал азы оккупацийы чи фæцис, уыцы польшæйаг адæм зæр- диагæй æмбæлдысты сæ сæрибаргæнджытыл. Тохтæ сытынг сты горæттæ Седлец, Фембертув, Верхнее Яблоно-Личиковойы районы. Æхсæв-бонмæ арв æмæ зæхх сæхи кæрæдзийыл хостой, къæвда æдзух, къæртай^ калæгау, кодта. Седлец æмæ Луко- иойы районы уыдис ахæм хабар. Чысыл хъæутæ Юзефов-1 æмæ Юзефов-2 немыцæгтæ фæкодтой хъахъхъæдадои фидæрт- ты — дывæр-æртывæр траншейты ’хсæн. Уыцы цæрæн пункт- тæн галиуæрдыгæй уыдис, ныхмæлæууæг йæ алыварс, армы- тъæпæнау, æппæт дæр кæцæй уыдта, ахæм бæрзæнд 101,1. Пæ бацæуæнтæ йын гитлеронтæ æхстой, æхсæв-бонмæ прожек- тортæй рухс кодтой, афтæмæй. Чысыл фалдæр уыдис минаэ- юкд быдыртæ, Брунойы спираль кæй хуыдтой, ахэ>м. Раст уыцы размæбырсты агъоммæ Дудайты Викторы раразмæ код- гюй ротæйы командирæй. Уыдис æм лæвæрд 180 хæстоиы. Пол- чы но1 командир дæлбулкъон Баранов æм фронты раззагхах- мæ арвыста арфæйы фыстæг, хистæр лейтенанты æфсæддон пом ын кæй радтой, уый тыххæй (фыстæджы оригинал æвæрд у Ирыстоны областон музейы). Æрæгвæззæджы æхсæвыцъæхæй батальоны командир Ду- дайы фырты ротæйы раз æрывæрдта уыцы бæрзæнд цыфæнды аргъ æмæ амæлттæй дæр сисыны хæстон хæс. Хистæр лейте- пант æппæт дæр бабæрæг кодта лæмбынæг, разсгарджыты зо- пæнтæм лыстæг æркаст, йæ хæстонты срæвдз кодта хæцæн æр- мæджытæй. Уыдон æнхъæлмæ кастысты сæ уарзон командиры бардзырдмæ.' Уалынмæ Дудайы фырт, траишейы былмæсбыр- гæйæ, йæ къухæй ацамыдта, мæ фæстæ, зæгъгæ. Иæ сарма- дзантæ, минаметтæ хъыпп-сыпп дæр нæ кодтой. Хистæр лей- тенант аскъуыддзаг кодта æнæартиллерион бацæттæйæ абыр- сын. Сæ гуыбыны цъæрттыл æввахс бабырыдысты немыцæгты познцитæм æмæ сæ дыууæ флангы ’рдыгæй фæцæф кодтой пу- леметтæ æмæ автоматты æхстæй. Стæй сыстадысты æмæ хъо- мысджын «Ура» хъæргæнгæ бамидæг сты зиаджы траншейты. Махонты размæбырст афтæ æнæнхъæлæджы уыд немыцæгтæн, æмæ фергъуыйау сты, сæмхæццæ сты æмæ фæстæмæ алæууы- дысты, уыцы обауыл бирæ мæрдтææмæ цæфтæ ныууадзгæйæ. Ныццагътой дзы,200 салдат æмæ, афицеры бæрц. Ротæйы хæс- токтæ байстой бирæ хæцæнгæрзтæ, пулеметтæ, минаметтæ, налдæр автомашинæйы æд хæцæн æрмæджытæ. Уацары ра- кодтой ца’лдæр немыцаг салдаты, уыцы нымæиы иу фельдфе- белы. Уый сын радта бирæ сусæг зоиæнтæ. 267
Дудайты Викторы ротæйы позицитæм цалдæр хатты æр- < бабырстой немыцæгтæ. Гитлеронты фæндыдис уыцы. бæрзæнд, [ ногæй байсын. Фæлæ сын дзы нииы рауад. Уæд нæ хæстонты( пыхмæ ракодтой 5 танчы æмæ сæ 1,5 сахаты дæргъы комком- мæ æхстой сармадзантæй. Къуылдым æнæхъæнæй дæр рыз- тис.. Зæххыл удæгас бынат иал баззад. Махонтæй дзæвгар* фæхъуыдис, бирæтæ дзы фæцæфтæ сты. Фæлæ ма дзы удæ- гас чи баззад, уыдон фæстаг сулæфты онг æмдых, æмуд æмæ æдасæй лæууыдысты уыцы бæрзæндыл. Ротæйы хæстонты ’хсæн уыдис ирæттæ, хъазахтæ, украинæгтæ, уырыссæгтæ... Знаджы тыхджын æхсты бын размæ абырыдис ротæйы фæскомцæдисон организацийы секрета’рь, дæлхайы командир. хъазах Курданбаев. Танкæты ныхмæ.дыууæ гранатæй ныппырх кодта знаджы танкы калмдзалх. Йæ>уыбыны цъарыл æм æв- вахс бабырыд, хъуамæ’ йын йæ сармадзаны лулæ спырх код- таид гранатæй. Фæлæ немыцаг танкы пулеметы комкоммæ æхст;æй мард фæцис хъæбатырæй. Ныфсджынæй хæцыдис ирок хæстон Кастуайы фырт. Уыцы карз тохы фæцæф ис ротæйы командир Дудайты цæхæрцæст лæппу. Фæлæ уæддæр обау нæ- радта, бæрзæндæй фæстæмæ иу къахдзæф дæр нæ алæууыд.. 15 боны фæхос кодта быдырон госпиталы. Уым стыр хъыгзæр-- дæйæ фехъуыста, йе ’мбал Красильников Луково ссæрибар кæ- ныны сæрыл карз тохты мард кæй фæцис, уый. Бæрзæнд 101,1 байсыны фæдыл тохты арæхстдзинад æмæ æхсар кæй равды- ста, уый тыххæй ирон сæрæн гуырд райста дыккаг хорзæх — Фыдыбæстæйон Хæсты 2-аг къæпхæны орден. Армийы инæлар К. К. Рокоссовскийы раивта фронтыл ног командæгæнæг — Советон Цæдисы Маршал Г. К. Жуков. Сцырын сты горæт Варшавæ ссæрибар кæнын æмæ фурд Вис- л’æйыл ахизыны сæрыл тохтæ. Фæлæ уыцы хæстон операци- тæм бацæттæ кæныны агъоммæ фронты ’фоæдтыл ног коман- дæгæнæг равзæрста, бынæттон нысаниуæг кæмæн уыдис, ахæм тохтæ кæныны хæстон тактикæ, знаджы тыхтæ бабæрæг кæ- ныны охыл. Бынæттон госпиталæй пæ ротæмæ æрбаздæхтис хъæбатыр ирон лæппу. Уæдмæ хæстрнтæн бæлвырд уыд сæ разылæууæг хæс. Æмæ сæ сæ уарзон командиры æрцыд ды- вæр сразæнгард кодта дарддæры карз тохтæм. Вислæйы донбЫлгæ]рæтты гитлеронтæ бирæ рæстæджьг дæргъы арæзтон æндæр æмæ æндæр хæстон фидæрттæ. Знаг æнæсцухæй æхста æмæ æхста. Нæ позицитыл нын калдта бом- бæтæ. Æрынцой, æрулæфт нæ лæвæрдта махонтæн. Фæлæ уы- дис бардзырд. Советон Æфсад ацыдис генералон размæбыр- стьь Иу цалдæр сахаты дæргъы дыдис артиллерион бацæттæ. Февралы мæйы Вислæйы салд. ихтæ сармадзантæ æмæ мина- метты æхстæй, бомбæты цæфтæй ныттыдтой ’æмæ стæй нæ фн- ,стæг æфсæдтæ — чи бæлæгътыл, чи хъæдтыл, чи фæйнæджы- тыл, чи цæуыл — аленк кодтой уыцыфарсмæ. Ихджын дон æх- 268
оыстнс дыууæрдыгæй тыхджын æхстæй. Нæ артиллери æмæ иæ шт\*рмгæнæг авиаци гитлеронтæн сæ сæрыл схæцыиы фа- дат нæ лæвæрдтой. Уыцы тохты агъоммæ æмæ хæсты быдыры тохæй-тохы ’хсæн дæр æвзонг салдæттимæ стыр политикон л?мæ хъомыладои куыст кодта батальоны комсорг Гыбызы фырт. Уый арæх цыдис Дудайы фырты ротæмæ æмæ-иу сæр- бахъуыды рæстæджы, хæцæнгарз йæ къухты, афтæмæй нæ хæстонтимæ иумæ ныфсджынæй бырста знаджы ныхмæ уæ- лахизы тохмæ. Фæлæ, хъыгагæн, хъæбатырæй мард фæцис Вислæны сæрты хизыны рæстæджы. Иæ цонг уæззау фæцæф ис хистæр лейтенант г Дудайы фыртæн дæр. Фæлæ • уæддæр 4 сахаты дæргъы нæ ацыдис хæсты быдырæй, тох кодта, æхста пæ ну къухæй, йæ хæстонты разæнгард кодта, цалдæр хатты сæ сыстын кодта хъазуат бырсты. Фæстæдæр æм полчы ко- мандир хыл кодта, госпиталмæ кæй нæ ацыд, уый тыххæй æмæ иæ хос кæныимæ арвыста. Ф>æлæ хъæбатыр ирон лæппуйы сгуыхтдзинад нæ ферох кодта æмæ йæ бавдыста хæстон Сырх Тырысайы орденмæ. Вислæйыл ахизьдны сæрыл карз тохты’ активон хайадисты тыххæй ротæйы командир дæр йæ хæстон- тæн 15 æмбалы бавдыста ордентæ æмæ майдантæ райсыпмæ. Штурмæй ист æрцыдис æфсымæрон горæт Варшава. Польшæйы зæхх æнæхъæнæй ссæрибар кæнгæйæ, не ’фсæдтæ бахызтысты Германы территоримæ. Æрлæууыдис 1945 азы уалдзæг. Уыцы аз апрелы Дудайы фырт бацыдис коммунистон партийы рæнхъытæм. Уæд райста капитаны чин дæр. Тохтæ сцырын сты Шпандау, стæй гитлерон фашизмы лæгæт — го- рæт Берлииы сæрыл. Уыдис иу бардзырд: — Æрмæстдæр размæ, Берлинмæ! Дудайты Виктор стыр хайад райста Берлин бацахсыны •æмæ гитлерон æппæлой æфсæдты сæ зонгуытыл æрлæууын кæ- ныны æппæтдунеон-историон тохты. Фæлæ 1945 азы 5-æм майы Ныгуылæн Берлины уæззау фæцæф ис (йæ рахиз цон- джы хæцъæф ын атыдтой, йе стæг дæр фæхъæн ис) æмæ ууыл фæцис пæ тохы фæндаг. Хæсты быдыры бауадзыг ис. Йе ’мзæх- хон Кастуайы фырт æй фронты раззаг хаххæй раласта æмæ йæ йе ’ккой фæхаста иу километрæй фылдæр. Уæззау цæфка- питан æрчъицыдта æфсæддон госпиталы. Советон Æфсады командæкæнынад Дудайы фырты бавды- ста ног хорзæхмæ — Кутузовы орден райсынмæ, фæлæ йын саккаг кодтой Фыдыбæстæйон Хæсты 1-аг къæпхæны орден. Ис ын Сæйрагхистæркомандæгæнæг, Советон Цæдисы Гене- ралиссимус И. В. Сталины 10 арфæйы гæххæтты (Дудайы •фырт уыдон дæр æвæрынмæ радта нæ музеймæ). Афтæмæй абон 14 хæстон хорзæхы цæхæртæ калынц æмæ фидауын - кæнынц тохвæлтæрд ирон бæгъатыры фæтæн риу. Цыппар ордены йедтæмæ ма уый хорзæхджын æрцыд: Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй». «Германыл фæуæлахизы тыххæй», 269
Варшава ссæрибар кæныны тыххæй», «Берлин бацахсыны тых- хæм», «Советон Æфсад æмæ Флоты 30 азы сæххæсты тыххæй». "Уæлахизы боиыл 20 азы сæххæсты тыххæй», «Советон Æфсад æмæ 'Æфсæддон-Денджызон Флотыл 50 азы сæххæсты тых- хæй» майдантæй æмæ ма афтæ «Мидхъуыддæгты органты, би- .рæазон æмæ æнæлаз службæйы тыххæй» 1-аг æмæ Н-аг къæп- хæнты майдантæй. * * * 1945 азы октябры капитап Дудайты Алексины фырт Бик- торы рафыстоп Польшæйы зæххыл уæвæг эвакогоспиталæп (хæсты дуджы æдыппæт уыдис æртæ уæззау æмæ æртæ рог нæфы). Æрыздæхтис сæхимæ —, Ставрополы крайы Алек- сандровскы районы Тельманы номыл колхозмæ. 6 мæйы куы- ста Осоавиахимы. (ныры ДОССАФ-ы) районон организацийы сæрдарæй. Уый фæстæ йæм Ставрополмæ фæсидтысгы æюæ йæ кусынмæ барвыстой, Паддзахадон Æдасдзинады органтæм. Куыста горæттæ Кисловодск æмæ Невиномискы æфсæивæида- гои управлениты хайадты. Ныртæккæ у Цæгат Ирыстопы АССР мидхъуыддæгты Министрады фæллойадои-срастгæнæн куыст- уæтты хайады хистæры хæдивæг. А
Елбачиты Шалва УÆЗЗАУ ТЫХÆВЗАРÆН айдзаст, хæрзæфснайд уат. Фысым æрбацыд куыстæй, фынгыл æм æнхъæлмæ каст фыстæг. Сыидæггай йæ райхæлдта. Гъа-гъа, нæ райгуырæн Карелæй у! Цины рухс ахъа- зыд йæ цæсгомыл. Цыма йæ сæры хъуыитæ фæирддæр сты, йæ ныхы æнцъылдтæ фæлæгъздæр сты, йæ цæстытæ æрыгон æрт- тывд скодтой. Йæ уарзон хъæубæстæ йæ кæй нæ рох кæнынц, уый йыи тынг æхсызгон у. Ныр та, ацы фыстæг бакæсгæйæ, йæ хъуыдыты ацыд сæхимæ, кæддæр чысылæй рæуæдтæ кæм хызта, сабитимæ кæм хъазыд, уыцы фæзтæ æмæ къуылдым- тæм. Уым уыд йæ сабион авдæн, уым федта арвы цъæх, ай- пæзта дзы йæ базыртæ æмæ уырдыгæй ратахт стыр дунейы тыгъдадмæ. Мысинæгтæ та йæ сæ ахæсты бакодтой. Адджын, цинæйдзаг æмæ мастæй сыгъдæг мысинæгтæ. Р1æ царды райдайæн — куыд уыд, цы хуызæн? Зæиæджы хистæрыл чысылæй æрынцад бæрндзинад. Кодта хæдзары зылдтытæ, галтььæфсондзыл хæцы, йæ фыд Къола та гутон дары. Иуахæмы сæ сæрты ратахт хæдтæхæг, ныллæджыты æр- бауагъта йæхи. Иæ хъæрмæ сгуыпл-гуыпп кодта лæппуйы зæр- дæ, хъуыдыты базыртыл атахти. Сæ хуым кæнын фæуагътой 271
<æмæ йæм цымыдисæй кæсыиц фыд æмæ фырт. Ех, ныр уæлæ уыцы хæдтæхæгскъæрæджы бынаты æрбад! Æвæдза, уæд ма Алексийæ амондджындæр исчи уаид! «Цыфæнды куы феста, уæддæр хъуамæ хæдт&хæгскъæрæг суон!» — фидарæй ас- къуыддзаг кодта йæхинымæр. Фæлæ цалынмæ йæ бæллиц сæххæст уыдаид, уæдмæ хъуа- мæ каст фæуыдаид скъола. Ахуыры мæт ын иу уысм дæр æн- цои нæ лæвæрдта. Кæд æнæвдæлон уыд хæдзары куыстытæй, уæддæр иугæндзон йæ зæрдæ йæ ахуыримæ дзырдта. Авдазон скъола сæм æртæ километры æддæдæр уыд, хурбон уыдаид ■æви хъызт, уæддæр æм цыдис æнæзивæгæй. Авд къласы уал бакаст, уыдон йæхирдыгæй фесты. Фæлæ уый нырма фыццаг къахдзæф у. Æвзыгъд лæппу ацыд Ба- туммæ. Æнхъæлдта, йæ ахуыр адарддæр кæндзæн, райсдзæн хъомылады аттестат æмæ æфсадмæ бархийæ ацæудзæн. Ахуыр кæныны фадат ын нæ фæци, — хæдзарæй ницы æххуыс иста æмæ уымæ гæсгæ, куыддæрты йæхицæн къæбæр амал ъодта. Æфсæддон къамисарæн дзырдта йæ фæндон — акæнут мæ æфсадмæ, зæгъгæ. Уый йыл сæрæй къæхтæм æрхаста йæ цæстытæ, йæ хабæрттæй йæ афарста, лæмбынæг æм байхъуыс- та. «Нырма æрыгон дæ. Байрæз уал æмæ уæд фендзыстæм», — уыдис къамисары дзуапп. , Иæ ахуыр адарддæр кæныны тыххæй бацыд Боржомы’ пе- дагогон техникуммæ. Куыста æмæ ахуыр кодта. Педтехникум каст фæци æнтысгæйæ. Æмæ мæнæ æрцыд йæ бæллиц сæх- хæст кæныны афон. Уайтагъд йæ документтæ балæвæрдта Чугуевы тæхджыты скъоламæ. Азтæ йын фаг кæнынц, æнæниз, дардбæллон лæппу у — цæмæй йæ хъуамæ бафауой! Фæлæ хъысмæт хъуыддаг йæхирдыгонау сарæзта — тæхджыты скъолайы бынат нæ уыд. Алексийæн загътой: — Ацу Харьковмæ. Уым дæ артиллерион скъоламæ айс- дзысты. — Æмæ мæн тæхæг суæвыи фæнды. — Уæд дæ иу афæдз æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн. Гъе, стæй артиллерист тæхæгæй цæмæй мæгуыраудæр у? Æндæр гæнæн дзы нæ уыд — Алекси экзаментæ радта Харьковы артиллерион ахуыргæнæндонмæ. Канд ахуыры нæ, — спорты дæр цæвиттойнагæн равдыста йæхи. Штангæ- исынæй ахста фыццаг бынат., Гаубинскы артиллерион полчы номæй æрвыст æрцыд Киевмæ, штангистты ерыстæм. Уый уыд 1941 азы 21 июны. Поезды куы сбадти, уæд цæмæй æнхъæл уыд, æмæ йæ спортивон ар’енæйы нæ, фæлæ знаджимæ тохы быдыры кæй бахъæудзæн йæ .. тых æвзарын. Киевмæ куыд фæцæйхæццæ кодтой, афтæ æввахсæй йæ хъустыл ауад &æд- рæхæджы хъæр. «Хæст! Хæст!» — тарстхуызæй дзырдтой адæм. • Знаджы хæдтæхджытæ бомбæтæ калдтой Киевыл. Алекси раздæхт йæ 272
иолкмæ æмæ æвæстиатæй æрвыст æрцыд фронтмæ. Ныллæу- л.ыд йæ иууыл карздæр лæджыхъæд æмæ тыхæвзарыны рæс- :æг. «Нæ фæхудинаг кæндзынæн мæхи, мæ ирон адæмы цæс- гом!» — дзырдта йæхицæн Алекси. Иæ хъусты зæлланг кодтой, ^æхимæ-иу хъæуы лæппутимæ кæй зарыд, уыцы æхсарджын дзырдтæ: «Ой, кæиæ сæрибар, кæнæ мæлæт!» 1941 азы 26 июнь. Арвæй сæхи æруадзынц немыцаг де- сантниктæ. Цас сты, цас! Алексийы фыццаг фембæлд фашист- • имæ. Йе ’взводæн разамынд кæнгæйæ, бацыд лæгæй-лæгмæ тохы. Гъе, ам сбæззыдысты йе спортивон фæлтæрддзинад, йæ фердæхт æмæ йæ физикон хъару. Немыцæй кæуыл раныдзæвы иæ уæззау тымбыл къух, уый ацæхъхъил-мæхъхъилтæ кæны, кæнæ фæуадзыг вæййы, кæнæ йæ уд сисы. Æнæмсæр хæсты се знæгты кæй скуынæг кодтой, уый тыххæй Алексийæн радтой фыццаг хорзæх .— Хъæбатырдзинады тыххæй майдан. 1942 азы март. Кæстæр лейтенант Елбачийы фырт нысан æрцыд 21-æм гвардион æхсæг дивизийы батарейы командиры лæдивæгæй. Хайад иста Калинины фронты знаджы ныхмæ охы, намысджыпæй æххæсг кодга командæкæнынады æппæт лæслæвæрдтæ дæр. Нымад уыд хуыздæр хæстонтыл æмæ йæ уымæ гæсгæ 1943 азы айстой нæ кадджын Коммунистон пар- 1ийы рæнхъытæм. Уыцы аз Алекси сси танкæты ныхмæ тохгæнæг батарейы ломандир. Смоленскы цур тугкалæн тохты йæ батарей нып- иырх кодта знаджы 12 танчы, чи ма дзы баззад, уыдон фæ- тарстысты æмæ фæстæмæ сæхи айстой. Ам йæ риуыл сæрттыв- та ног хорзæх — Сырх Стъалыйы орден. Алексийæн бонæй-бонмæ рæзт йæ хæстон æвзыгъддзинад, знагыл уæлахиз кодта хъаруйæ дæр æмæ зондæй дæр. Рудня- йы горæт суæгъд кæныныл тохы Алексийы батарейы цæфтæй знаг æнцой нæ зыдта, бирæ зиæнттæ йыл æрцыд. Алекси йæ дæлбар хæстонты тохмæ разæнгард кодта йæхи сæрмагонд’ цæвиттонæй. Ам хъæбатыр хæстои дыккаг хатт райста Сырх Стъалыйы орден. 1943 азы 9 ноябры Алекси уæззау цæф фæци. Дохтыртæ йæм зылдысты аудгæйæ, хъуаг æй ницæмæй уагътой, фæлæ æгæр æрæгмæ кæй дзæбæх кодта, уымæй тыхстис — фæнды- дис æй фæстæмæ фронтмæ, йе ’мбæлттæм. Æмæ йæ цæф кæд æх- хæст нæма сдзæбæх, уæддæр ныууагъта госпитал. «Тæрсгæ мын ма кæнут, æппындæр мæ ницыуал хъыг дары, — загъта дохтыртæн. — Уæ лæггæдтæ уын тохы быдыры бафид- дзынæн». ’. Æмæ нæ фæсайдта йæ дзырд Алекси. 1944 азы июны йæ снысан кодтой';.Прибалтикæйы фронты 5-æм танкои корпусы реактивон хæцæнгæрзты дивизионы батарейы командирæй. Ныр йæ къухы уыдысты хъомысджын «Катюшæтæ». Зиаджы техникæ’ æмæ æфсæдтæ тынгдæр кæм сдзыгуыр сты, уырдæм-иу куы аздæхтой сæ ных, сæ хъæлæсæй-иу сыл зынг калын куы 38* 273
байдыдтои, уæд дæ Оалгъитæг дæр афтæ. — Мысты хуынкъ туманæй агуырдтой. Алексийæ никуы ферох уыдзæи латвиаг горæт Ерглийы цур тох. Знаг æнæнхъæлæджы рабырста нæ ныхмæ. Махон- тæм нæ уыд фаг тыхтæ, фæсчъылдымæй сæм æххуыс рарвыс- той, фæлæ нæма æрбахæццæ сты. Тынг тæссаг уавæры бахауд- та полк. Иу æхсты фаг ма уыд нæмгуытæ Алексийы батарей- мæ. Æнæмæнг бауромыи хъуыд знаджы размæбырст, цалын- мæ æххуыс хæццæ кодтаид, уæдмæ. Алекси йе ’мбал майор Идрисовимæ иу «Катюшæ» ракодта галиу флаигмæ, знаджы сæйраг тыхтæ чердыгæй бырстой, уырдæм. Æввахс сæ æрба- уагътой, стæй сыл нызгъæлстой сæ тых, сæ бонæй. Знаг фæ-> тыхст æмæ рæстæгмæ урæд æрцыд йæ размæбырст. Уæдмæ нæ" хæстонтæ райстой ног тыхтæ æмæ фыдгулты сæ разæй æмгуы- рæй ассæстой Ныгуылæнмæ. Ацы тохы хъæбатырдзииад кæп равдыста, уый тыххæй Алекси хорзæхджып æрцыд Сырх Ты- рысайы орденæй. Хъæбатыр ирон хæстопы фæндаг бахæццæ суанг Берлин- мæ. Йе сгуыхтдзинæдтæ - йын Советоп хицауад банысан кодта фараст хатты ордентæ æмæ майдантæй. ...Ныр йæ куыстæй куы ’рбаздæхт, уæд æй йæ хæстои мы- синæгтæ каид циныл не ’фтауынц. Фæнды йæ, цæмæй ног хæст мауал уа, цæмæй зæххыл уа сабырдзинад. Фæлæ империа- листтæ сæ кæнон нæ уадзынц. Уымæ гæсгæ хъуамæ иæ Гæр>- зифтонг Тыхтæ кæддæриддæр уой фидар. тйг
Иадирадзе Ясон ТОХВÆДИСОН хинвалы бæгæиыфыцæн заводы бахизалА»! цур нс къаннæг дукани. Ам чи уыдис, кæиæ рудзынгæй мидæмæ чи- дæриддæр бакаст, уый æнæрахатгæ нæ фæуыдаид рæстæмбис, ацæргæ нæлгоймаджы цæсгом. Уый къуылых цæуы, йæ иу къах протезæй арæзт у, æмæ иннæ къахы æнцой бирæ фæлæу- уа, уый гæнæн ыи нæй. Лæгон йæ иу цæст дæр хауд у, йæ бы- наты — авгын цæст. Уыцы аипджыи лæг Джаиашвили Иосебы фырт Бескъа у. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активоп хайадисæг. Бескъа хæсты размæ куыста Цхинвалы горæты, уæды Евкомбеды дзабыр- хуыйæн цехы сæргълæууæгæй. Иудадзыгдæр. дардта галифе хæлаф, æфсæддон бур хæдон æмæ азиаг цырыхъхъытæ. Уып- джы-иу куы’рацæйцыд, уæд-иу æй дардæй бакæсæг æфсæддоп фенхъæлдта. Тынг ыл фидыдта ахæм фæлыст. Йæхи хуыд ази- аг цырыхъхъытæ-иу цæсты тигътæ истой, фылдæр-иу уымæн хуыйын кодтой^адæм. Бескъа уæд кодта активон æхсæнадон куыст дæр. 1942 азы, нæ Райгуырæн’бæстæйы хъысмæт тæрæзтыл æвæрдау куы уыдис, фашисттæ Ирыстопы хæхтæм куы ’рбав- *шхс сты, уæд Бескъамæ дæр æрсидтысты æфсадмæ. Мæйы 275
фæстæ йæ комкоммæ фронты бамидæг кодтой. Удуæлдайæ хæ- нын райдыдта немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ. Уый уыдис 138-æм æхсæг дивнзийы сконды Брянскы ’рдæм здæхты. Ие ’ф’сæддон хайы уыдысты не ’мзæххонтæ Санахъоты Владимир æмæ Тыджыты Андрей дæр. — Иуахæмы, — æрымысы Джанашвили Бескъа, — фæцæф дæн æмæ мæхп пал æмбæрстон, мæ бон къахдзæф акæнын нал уыд. Иудзырдæй, кæм уыдтæн, уымæн дæр ницыуал зыдтон. Зæххыл’ хаудæй лæууыдтæн. Фервæзыны иыфс ма кæй уыди. Ахæм уавæры мæ ауыдта Тыджыты Андрей æмæ мæ фронты раззаг хаххæй, фашистты нæмыгзгъæлды бын, рахаста æдас- дæр бынатмæ. Стæй мæ госпиталмæ аластой. Уæдæй фæстæмæ^ иал фембæлдтæн мæ ирвæзынгæнæгыл, фæлæ йын æз йæ ном, йæ лæггад цæрæибонтæм дæр иæ ферох кæидзынæн. Иууыл уæззаудæр тохты та Сталинграды цур фæцис Джа- пашвили Бескъа. Ам, стыр Волгæйы донбылгæрон, карз тох цыдис канд алы уынг, алы кварталы сæрыл нæ, фæлæ-ма алы хæдзары сæрыл дæр. Бескъаиты дæлхай хæцыдис Сталинграды трактораразæн завод æмæ завод «Сырх Октябры» районы. Иу бæстыхай ин- нæйы фæдыл къухæй-къухмæ цыдис. Уый уыдис 1943 азы январы. Дæлхайы командир фæсид- тис Бескъамæ æмæ йын радта ахсджиаг хæс. Сырх Октябры районæй, кæцы дæлхайы хæстонтæм уыд 250—300 метры дæрддзæгæн, хъуамæ æрбахастаид хæцæн æрмæджытæ. Хæс- лæвæрд уыдис тæссаг æмæ зын сæххæст гæнæн. Алырдыгæй ихуарæгау калдысты знаджы нæмгуытæ. Се ’хсидт ие ’нцад. Уый уæддæр размæ гуыбыны цъарыл абырыд. Аивæй, хъуызгæ æмбисвæндагмæ куы бахæццæ, уæд дзыхълæуд фæкодта. Иæ къахььрыст баикъардта. Йæ армытъæпæн ыл авæрдта æмæ хъарм туджы самæхст. Кæй йæ фæцæф кодтой, уый базыдта, фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ асасти, йæ зонд нæ фесæфта. Иæ тыхтæ бамбырд кодта æмæ атындзыдта нысан бынатмæ, йæ хæстон хæс æххæст кæнынмæ. Бынатмæ куыд бахæццæ, уый зонгæ дæр нæ бакодта. — Рæстæгыл æрбаирвæзтæ агъуыстмæ, æфсымæр, куыд- дæр дæ къах къæсæрыл æрбавæрдтай, афтæ дæ тæккæ раз сæмбæлд знаджы судзгæ нæмыг, — дзырдтой йын, бæстыхайы сæхи чи бааууон кодта, уыцы советон хæстонтæ. Уыдон ын йæ цæф бабастой, чысыл аулæфыд, стæй раз- . дæхт йæ дæлхаймæ. Иæ хæстон хæслæвæрд æмгъуыдмæ сæхг хæст кодта. V , ; , , Йæ хæслæвæрд намысджынæй кæй сæххæст кодта, уый тыххæй йæ бавдыстой Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæ- нььорденмæ. Æмæ йаз исгæ дæр’^’ракодта.'" Джанашвили уæззау цæфты фæстæ бирæ рæстæджы дæр- гъы фæхуыссыдис госпиталы. Нал ын бантыстис уæлахизхæс- 276
сæг советон æфсæддон хæйттимæ Берлины онг фæцæуьш, хæ- цынæн нал сбæззыд. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Бескъа фæцæфис 18 хатты. Иудзырдæй, аипджынтæй, æрдæг- лæгæй ма æрыздæхтис йæ фыдыуæзæгмæ, йæ бинонтæм, хæс- тæджытæм, хæлæрттæм. Фæлæ стыр Фыдыбæстæйы раз æх- хæстæй бафыста йе ’мбæстагон хæс. Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæны орденæй дарддæр^ ма уын хорзæхджын у Сырх Стъалыйы орденæй, стæй медалтæй дæр. Æрыздæхтис тохы фронтæй сабырадои куысты фронтмæ хъæбатыр хæстон. Уæдæй нырмæ намысджынæй кусы базара- ды хаххыл. Фæлхасгæнджытæ дзы кæддæриддæр вæййынц райгонд, никæйы зæрдæйы хъыджы сæ бацæуы. а
Мæргъиты Къоста МÆ КЪАХЫ СЫНДЗ КÆМ ФÆНЫХСТ... унеуæй Гъуертеуы ’хсæн, фæидаджы тæккæ былыл, æрбынат кодта чысыл хъæу Убиат. Уым, дыууææттæгуæлæ хæдзары, цæры Джелдыты Уасилы фырт Илья. Æрвыл райсом, хур хъæуыл йæ тынтæ нæма анывæнды, афтæ рахизы йæ уатæй æмæ афæлгæсы фалæмæ, Нулы хъæу- мæ. Армытъæпæиау æм фæзыны къуылдымæй, Пронейы фал- .г«аг фарсæй, æмæ йæм хатт кæсынæй нал фефсæды. Гъай-гъайдæр, хъæу рæзы, азæй-азмæ хуыздæр, рæсугъд- дæр кæны æмæ йып уый йæ зæрдæйæн æхцон хæссы, циндзи- пад. Агуырийæконд дыууææттæгуæлæ бæстыхæйттæ, колхо- зонты дыргъдæттæ æмæ сæндæттæ, лæг ма æхсызгондæр цæ- мæ бакæсдзæи, цæуыл арахæсс-бахæсс кæндзæн йæ цæстытæ. Æмæ Ильяйæн та уыдонмæ кæсып уæлдай æхцондæр у, уæлдай ципагдæр. Кæд гуыргæ ам, Убиаты ракодта, уæддæр пæ сывæллоны бонтæй уым, Иулы, дзæвгар. арвыста æмæ ;,йæ пæхи хъæуау уарзы. Æниу, æвæдза, Нул æмæ Убиат иу хъæуы хуызæн сты, хæларæн цæрынц.. Цæугæдоиæн рахиз фарсы ’рдыгæй Нул айтыгъта йæ къабæзтæ æмæ галну фарсы ’рды- гæй, тæкка^ къуылдымы рæбын та — Убиат. 278
Илья æрымысы йе ’взонджы боитæ, йæ æнцон æмæ зып рæстæджытæ. О, кæд ма бынтон æрыгон уыд, уæддæр бирæ ^ындзинæдтæ бавзæрста, бирæ фыдæбæттæ федта. Иæ мад æмæ йæ фыдæн уыди дыууæ лæппуйы — йæхæдæг æмæ йæ кæстæр æфсымæр Ладо. 1919 азы, йæхиуыл цыппар 1,зы куы цыд æмæ йе ’фысмæрыл та иу, уæд сæ фыд Уасил амард æнæнхъæлæджы. Сывæллæттæ баззадысты сæ мады -.æвджид. ■ Афæдзы фæстæ мепьшевиктæ Хуссар Ирыстоиыл бафтыд- -!ОЙ пиллон арт. Рахау-бахауаг фесты Уасилы сидзæртæ дæр; Сæ мад сæ куы кæм æмбæхста, куы кæм. Æрмæст сыл мацы фыдбылыз æрцæуа, дзæбæхæй йын аирвæзой. Æмæ аирвæз- тысты. Æнамонддзинад сæ иувæрсты ахызт. Хæст куы ’рынцади, куы ’рсабыр, уæд сæ мад дыккаг мой скодта нуйлаг Тхъемаладзе Михайæ. Лæг йæхи хъæбултау ггррæвдыдта дыууæ сидзæры. Зулцæстæй сæм никуы ракаст, мæхи сыл никуы атигъ кодта. Афтæ згъордтой сæ бонтæ, сæ азтæ. Лæппутæ фесты цума- \ ьом, фыййау цыдысты. Уалынмæ æрбаздæхтысты фæстæмæ, саз фыды уæзæгмæ. Советон хицауады фыццаг азты адæм, уæл- дайдæр фæсивæд, ныххæррæтт кодтой ахуырмæ. Æмæ Илья лæр фæстæ кæм фæлæууыдаид? Каст фæци Арчъиеты райдиан скъола. Уый фæстæ æртæ мæйы ацахуыр кодта Дзауы ахуыр- гæнджыты курсыты, стæй æртæ азы та — Дидмухайы хъæууои фæсивæды скъолайьь 1935 азы Илья араст Тбилисмæ æмæ уым бацыд ирон тех- никуммæ. Уыцы азтæ нымайы йæ иууыл амондджындæр рæс- тæгыл. Фæцис æй каст 1938 азы æмæ дыууæ азы фæкуыста (гæлладуафæн фабрикæйы уафæгæй. Фæлæ .Илья астæуккаг ахуыр фагыл иæ банымадта. Уый ’рæндыд йæ ахуыр адарддæр кæныи æмæ 1940 азы бацыд Тби- П1сы Пушкииы номыл педагогон институтмæ. Куыддæр дзы ну ^урс бакаст, афтæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Æмæ Плья дæр ацыд æфсадмæ, йæ райгуырæн бæстæ бахъахъ- хьæнынмæ. Дыууæ адæймагæи, æгæрыстæмæй, фæрсæй-фæрстæм чи цæры, уыдоиæн дæр сæ хъысмæт иугъуызон никуы вæййы. Æмæ афтæ уыд Ильяйы хъысмæт дæр. Ие ’мбæлттæй бирæта^ комкоммæ хæстмæ бахаудтой чысыл рæстæджы фæстæ. Чи та фæстæдæр. Æмæ:: фæстæдæр чи бахаудта, Илья дæр уыдо- иæй у, уыдопимæ ацыд йæ фæндаг тохы быдырмæ. Фæлæ уал мадæ та ахуыр);;ахуыр. Æрмæст нырмæйау ахуыргæпæджы куыст, æмæ дæсныйад нæ. Цæмæйт знаджы ныхмæ тох кæнып оафæрæзтаид, æмæ канд уый нæ^ тых дæр ма йыл фæуыдаид а^маэ’йæ бæстон ныддæрæи кодтаид, уый тыххæй æфсæддоп хъуыддаг хъуыдис ахуыр кæнын, хæцыны дæсныйад базонын. Уый тыххæй Илья ницы хæлæг кодта. Бакойы æфсæддоп 279
ахуыргæнæндоны æхсæв дæр нæ зыдта, æмæ бон дæр. Æмæ майыл уымæй уæлдай æвæрд уыд ноджы иу бæрнон хæс. Хистæр сержант уыд æмæ куыста дæсы хистæрæй. Уыдонæй алкæй дæр, йæ фоыдз æпгуылдзау, хъуамæ зыдтаид, алкæи цард, алкæй удыхъæд. Фараст мæйы дзы куы фæци, уæд æрбахаудта Авчъаламæ. Уырдыгæй йæ æндæртимæ иумæ хъуамæ фронтмæ арвыстаик- кой. Фæлæ та йæ цасдæр рæстæджы фæстæ йæ хъысмæг. ахаста æпдæр ранмæ: фыццаг Ереванмæ, стæй та Астæуккаг Азимæ, Бухарамæ. Уым службæ кодта 1942 азы октябрмæ æмæ куыста взводы командирæй. 1942 азы 23 иоябрь. Уый дзæбæх бадардта йæ зæрдыл æмæ дзы никуы дæррох фæуыдзæн. Уыцы бон бахаудта тохы цæхæрмæ, фыццаг хатт уæд ауад йæ хъустыл судзгæ нæмгуы- ты къуыззитт, бомбæты зæрдæуынгæггæнæг æмæ тæссаг ни- уын. Æмæ уый дæр, зæхх æмæ арв кæрæдзи кæм хостой, уым — Сталинградмæ хæстæг тохты. Илья, фæсчъылдымы уæвгæйæ, тохы хабæрттæй бирæ цы- дæртæ фехъуыста, газетты дзы бирæ цыдæртæ бакаст, фæлæ фехъусын æмæ бакæсыи иу у, хи цæстæй фенын та дыккаг. Цалдæр боны фæстæ хæсты зын бавзæрста йæхиуыл дæр: сар-, мадзаны нæмыджы схъисæй йæ бæрзæй фæци рог цæф. Уæдмæ йыи радтой кæстæр лейтенанты ном. Æмæ йæ сны- сан кодтой 363-æм артиллерион хицæн дивизионы 75-милли- метрон сармадзанты фæндзæм батарейы фыццæгæм взводы командирæй. Уыцы сармадзантæ фистæг æфсæдты хæдфæстæ кæй цæуынц æмæ сын бахъуыды сахаты кæй æххуыс кæныпц. знаджы танкæты ныхмæ карз тох кæй самайынц, уый Илья &>рз æмбæрста æмæ уый адыл йæхимæ ноджы стырдæр бæрн æнкъардта. 1943 азы январы сæ дивизиоп йæ ных скодта Элистæйы ’рдæм, хæцыди Хъалмыхъы зæххыл. Уыцы карз зымæджы ахæм æнæ хъæд, тыгъд быдырты æнцон хæцæн нæ уыди, фæлæ, иннæ æфсæдтау, 363-æм дивизон дæр Райгуырæн бæстæйьг раз йæ хæс æххæст кодта цæсгомджыиæй. Æмæ уыимæ Джелдыты Илья дæр. Раст уыцы заманы æр- иыд, иырмадæр йæ зæрдæйæ чи нæ сæфтыд, уыцы хабар.сУый та уыд афтæ: Буденновкæйы бæхты заводы цы донцъирæн уыд, уый сæрмæ кæд схызтн немыцаг афицер æмæ уырдыгæй, чы- сыл будкæйæ йæ хъус дардта не ’фсæдты бацæуæнтæм. Бынæп’ та йæ хъахъхъæдта немыцаг салдат. Уыцы хъуыддаг куы базыдтой, уæд уыдоиы ’рцахсьшмæ Илья æрвыст æрцыд иу салдат. — Дулин Ивапимæ. Сæ маскæ халатты сæм æнæбафиппайгæ;|баирвæзтысты. Немьщаг салдаг йæхимид цыдæртæ хъуырхъуыргæпгæ уазалы рацу-бацу кодта дыууæрдæм. Илья æмæ йæм Иван балæууыдысты æввахс, ну хæдзары къулгæроп. Æмæ немыцаг салдат пу хаттæн фæстæ- 280
мæ куы фездæхт, уæд ыл Нван йæхи ныццавта. Фæхъуырæй- хъуырмæ сты. Уалынмæ сæ дыууæйæн дæр сæ тъæпп над митшь фæцыди. Куы сæ иу фæуæлейæ вæййы, куы — иннæ. Илья сæм Оауад æмæ немыцаджы къахыл фæхæсти. Рахæцыд ыл æмæ нæ фæуæлгоммæ кодта. Иван ын кард йæ риуы ныссагъта. Уыди тыхджын дымгæ, мит фæлдзæгъдæн хаста æмæ æп- пæт уыдæттæ куыд æрцыдысты, уый афицер зонгæ дæр нæ* бакодта’. Стæй дæр кæд кодта фынæй. Илья æмæ йæм Иван куы схызтысты, уæд фехъал, йæ дамбацамæ ма февнæлдта,. фæлæ йыы байрæджы... Иæ къухтæ йын хæрдмæ сдарын кодтой æмæ йæ уырды- гæй ракодтой. Ахæм «æвзаг» кæй самал кодтой, уый тыххæй сæ дыууæ дæр хорзæхджын æрцыдысты «Хъæбатырдзинады тыххæй» медæлттæй. Уый уыд Ильяйы фыццаг хорзæх æмæ дзы сæрыстыр уыд, стыр буц. Уый фæстæ та ног тохтæ, ног фæндæгтæ. Ростов, Таганрог, Мариуполь, Мелитополь, Хъырыммæ бацæуæнтæ. Æмæ, æп- пынфæстаг, хъæу Рогачево (Украинæ). Уый уыд 1943 азы кæрон. Фронты алыран дæр немыцаг тыхæйисджытæ архайдтой ие ’фсæдты размæбырст æруромы- ныл. Æмæ афтæ уыд 4-æм Украинаг фронты æфсæдтæ кæм тох кодтой, уым дæр. Ныхмæлæууæг æппындæр ницы хæлæг кодта, иууыл карздæр тохтæм ’калдта, цы тыхтæ ма йæм уыд,. уыдоны., Æмæ афтæ уыд уыцы бои дæр. Дæсгай танкæтæ рауагъта 363-æм дивизионы ныхмæ. Фæлæ фæстæмæ иу къахдзæ^ дæр нæ алæууыд. Танкæты уынæр, сармадзанты æхсты хъæртæ къуырма кодтой адæймаджы хъустæ. Уыцы тохы æрмæст Джелдыты Ильяйы взводы сармадзантæ басыгътой знаджы цалдæр танкæйы. Стыр хъæбатырдзинад равдыстой уым сар- мадзан йæ нысаныл æвæрæг Красильников Уасил æмæ иннæ с’.ртиллеристтæ. Æмæ сæ алкæйы тохæн дæр счынди аккаг ар^гъ. Æцæг дзы цалдæрæй мæлгæ дæр акодтой. Хæст хæст у„ æмæ уый хуызæн тохы зиан æрцæуы канд иу фарсыл нæ, фæлæ иннæуыл дæр. Ильяйæн йæхи та бавдыстой Хæстон. Сырх Тырысайы орден райсынмæ. Рацыд цалдæр боны. Тохтæ нымæг нæ, фæлæ кодтой цы: рынæй-цырындæр. Не ’фсæдтæ сæхи цæттæ кодтой Днепры фурды сæрты." ныгуылæиы ’рдæм ахизынмæ. Уый тыххæн хъуыд развæлгъау бацæттæ кæнын, Днепрыл чи хъуамæ хыз- таид, уыцы фистæг æфсæдтæи сармадзантæй баххуыс кæнын. Æмаз уыцы хæс æрхаудта Ильяйы взводмæ дæр. 1943 азы 16 декабры, æхсæвы, Днепрмæ æввахс, Ильяйы разамындæй йе ’взводы артиллеристтæ сæ сармадзантæн, кæ- цæй хъуамæ æхстаиккой, ахæм бынат куы ссардтой æмæ йæ оацæттæ кæныныл куы схæцыдысты, уæд сыл æнæихъæлæджы фехæлд знаджы къухæй ныгæд минæ. Уым цалдæрæй фесты 281
^бдзæммард æмæ Илья та зонгæ ииныуал бакодта. Йæхи ^срæмбæрста æрмæст Веселойы хъæуы госпиталы. Фæлæ ма цæй æмбæрст. Йæ рахиз цæст рахаудта, йæ галиу- æрфыг чъылбысæй схаудта æмæ цæстыл æрзæбул. Æгас цæсгомæй йæхицæй ннцыуал уыд. Фæцæфтæ æндæр рæтты дæр. Фезмæ- лæн æй иал уыд. Иу операци иниæйы фæдыл. Фыдæбæттæ. Æгьуыссæг æхсæвтæ æмæ бонтæ. Афæдз æмæ æрдæджы бæрц юспиталы цард. Æппынфæстаг æй йæ къахыл слæууын код- 10Й; Фæлæ рахиз цæст афтæмæй баззад. Цæсгом — цæнкуыл- тæ. Афтæмæй 1945 азы æрбаздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Дохтыртæ сбæрæг кодтой: фыццаг къорды инвалид. ...Ныр, хæст куы фæцис, уымæн ацуал-ауал азы фæстæ- дæр бадын Ильяйы хæдзары æмæ стъолы фарсмæ ныхас кæнын йемæ, йæ хæстон хабæрттыл, йæ хæлæрттыл. Æмæ йын хæлæрт- тæ та бирæ ис. Уыдонæй иуæй-иутимæ уымæн нырма дæр ис бастдзинад. Фарон æм дзы йе ’мзæххонтæй иу æдбинонтæ дыууæ къуырийы бæрц фæци. Æрæджы дзы фыстæг райста Ленинградæй æмæ мын æй мæ разы стъолыл авæрдта... Æмæ йын цал æмæ цал ахæм хæлары ис. Уыдон æй са- -фыстæджыты фæфæрсынц йæ цардæй, йæ хабæрттæй. Чысыл фæстæдæр мæ уынгмæ ракодта. Йæ рахис цæстыл цьг тæнæг бинт баст ис, уый бараст кодта æмæ мын загъта: - — Уарзын мæ райгуырæн ком, мæ чысыл хъæу, мæ фыды уæзæг. Æниу мын райгуырæн хъæутæ дыууæ ис. Уæртæ уым,— йæкъух адаргъ кодта фаллаг фарсырдæм, — ды йæ, æвæццæ- гæн, мæнæй хуыздæр зоныс, æз цæстæй уый бæрц арæзт нал дæн, Нул, æмæ ам та — Убиат/ Мæ сывæллоны бонтæ’ дыу- уæйы дæр арвыстон. Фæлæ мын иуууыл зынаргъдæр та уæлæ уыцы къуылдым у. — йе ’ргом аздæхта хъæуы сæрмæ, — дæлæмæ мæ фæлгæ- сæн бынат, уæрыччыты фæдыл кæм разгъор-базгъор кодтон, мæ къахы фыццаг хатт сыидз кæм фæныхст. Цæикуылтæй дæр мæ уый æркодта йæхимæ, йæ уарзоидзинад. Æмæ исдуг’ иыссабыр, шщыуал дзырдта. Æз ыц æнкъардтон йæ зæрдæйы фæлмæн æмæ рухс æхцоп -æмæ йæм баззадтæн æдзынæг кæсгæйæ. Хъуыды кодтои мæ лид-зæрдæйы, цас зыидзннæдтæ бавзæрста ацы бæрзонд,- бæ зæрхыг, бурдзалыг ирон лæг нæ райгуырæн бæстæйы сæрыл "гохты æмæ иырма дæр цас хъару ис йæ уæнгты, цас уарзоп- лзинад ис йæ зæрдæйы! • • 1941 —1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы немыцаг-фашистои тыхæш^сджыты иыхмæ тохты хæстон» ггуйхтдзинæдты тыххæй ССР Цæрсы Сæйраг;Советы Прези,- диумы 1968 азы 15 февралы Указмæ гæсгæ Джелдыты Уасилы фырт Илья хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. ^
Дзассохты Музафер ФЫДÆЙ — ФЫРТМÆ ыцы сæрдыгон райдзаст бон нæ Райгуырæн бæстæ- г,ыл айхъуыст æвирхъау цау: æрбабырста нæм фашистон Гер- ман. Æваст айсæфт адæмы хъæлдзæг ныхас æмæ худын. Чы- сыл раздæр дæр ма цины ’рттывд чи кодта, уыцы цæхæр цæс- -ытæн ахуыссыд сæ хъæлдзæгдзинад æмæ дзы йæ бæсты сæв- ,æрди æнæуынондзинад. Æрдæгыл аскъуыдысты ирон фæнды- ры аив зæлтæ, уарзæттæ кæрæдзийæн нал загътой сæ сусæг пыхæстæ. Саби йæ ныййарæджы æнкъард цæсгоммæ джихæй чæсгæйæ баззад. Мйдхъуырдухæнты бахауд Уæллаг Санибайаг Джимиты Даухан дæр. Уымæн æмæ уым, фронты йæ Фыдыбæстæйы сæ- 1-нбардзинад хъахъхъæдта йæ хистæр фырт Харитон. Æхсайдта пыййарæджы зæрдæ уарзон хъæбулмæ, сæдæгай æмæ мингай чыййарджыты зæрдæтæ куыд æхсайдтой, афтæ. Харитонмæ Сырх Æфсадмæ фæсидтысты 1939 азы кæрои. Ссæдзаздзыд лæппуйæ сфæнд кодта афицер суæвыи æмæ ахуыр - кæнынмæ бацыд æфсæддон ахуыргæнæидонмæ. Каст <1*й фæцис хорз бæрæггæнæнтимæ æмæ райста афицеры чин. Нрыстоны æнхъæлмæ кастысты Харитоны бинонтæ, тагъд от- ;?усчы æрцæудзæн, зæгъгæ, фæлæ уымæн ахæм фадат нал фæ- •щ — райдыдта хæст... Ацы уарзоидзипад равзæрд хæсты быдыры. Æппæты фыц- '•аг Джимиты Харитои æмæ Раисæ Стрельникова фембæлдыс- п.ы архайæг æфса’ды. Сæ иу йæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæ- пынмæ æрцыд Кавказæй, иннæ та- Волгæйы донбылгæронæй. ’Харитон æд осæцæнгарз тох кодта фашистон æрдонгтимæ. Ме ’фсæддон æмбæлттимæ хъæбатырæй хъахъхъæдта Ленин- трад; Раисæ хæсты агъоммæ каст фæци медицинон техникум *омæ ныр йæ дæсиыйад тынг æхсызгон бахъуыд тохы быдырьк 28:
Уый дзæбæх кодта цæф æфсæддонты, куы-иу бахъуыд, уæд та сæ йе ’ккой хаста лазаретмæ. Чи зоны, кæд фембæлдыстьг чызг æмæ лæппуйы цæстытæ сæ кæрæдзиимæ, фæлæ сын кæ- рæдзийы фенд сæ къабæзты цавæрдæр æбæрæг тых кæй ба- >агъта, уый бæрæг уыд. Стæй, æвæццæгæи, канд иу хатт яæ- фембæлдысты, дыууæ æвзонг уды тырныдтой сæ кæрæдзимæ^ нуы иннæмæи фæидыди цавæрдæр сусæг хъуыддæгтæ раргом кæнын. Раисæ хорз зыдта Харитоны сгуыхтдзинæдтæ, æмбæлтты ’хсæн ын цы кад уыдис, уый. Иæ ныфс æмæ йын хъæбатырдзи- нады тыххæй кодта уæлдай стырдæр аргъ. Тохы быдыры-иу* куы фесгуыхти, уæд-иу цыма хъæбатырдзинад равдисæг йæхæ-- дæг уыди, афтæ йæм касти. Æппæт советон адæм дæр æрлæууыдысты сæ сæрибардзи- нады сæраппонд тохыл. Даухан «хæрзбон» загъта йæ дыккаг фырт Дауырбегæн дæр æмæ йæ æппæт хъæубæстæ дæр афæи- дараст кодтой хæстмæ. Хæдзары ма баззадысты æрмæст сыл- юймæгтæ; йæхæдæг æмæ йе ’ртæ чызджы, стæй йе ’ппæты кæс- тæр фырт Зауырбег. (Уымæн йæ азтæ æгæр чысыл уыдысты). Фæлæ уый дæр сæхимæ бирæ нал фæцис, 1941 азы кæрон ацы- ;ш, йе ’фсымæртæ кæм тох кодтой, уырдæм... Азтæ иугай-дыгай аивгъуыдтой. Советон адæм сæ райгуы- рæн бæстæ ссæрибар кодтой пемыцаг лæбурджытæй. Сæдæгай æмæ мингай уæлахиздзаутæ фæстæмæ сыздæхтысты сæ рай- гуырæн горæттæ æмæ хъæутæм. Сæдæгæйттæ æмæ мингæйттæ та сæ цард нывондæн æрхастой сæрибардзинады сæраппонд. Нал æрыздæхтысты тохы цæхæрæй Дауханы æртæ фырты дæр... . ...Уыцы бон дæр та бирæ фыстæджытæ, телтæ’ æмæ посыя- кæтæ æрбацыди Санибайы посты хайЪдмæ. Иннæ хæттытау та ныр дæр постхæссæг Дзæхаты Венерæ сыхгай æрæвæрдта Уæллаг Санибайы цæрджыты газеттæ æмæ фыстæджытæ. Æваст йæ цæстæнгас æрхæцыд æнахуыр адресыл: «Цæгаг Ирыстон, Джызæлы район, Джимиты Хатæхцыхъомæ». Венерæйы уайтагъд йæ хъуыдытæ алырдæм ахастой. Фыццаджыдæр, фæдызæрдыг фыстæджы авторыл, чи хъуамæ фысса, ахæм зæронд адресыл, стæй Хатæхцыхъойы амардыл /;ыккаг аз куы цæуы, уæд æй уый помыл та цæмæн ныф- , фыстаид!?.. Постхæссæг æппæты фыццаг бацыди Джимитæм æмæ да- г.ыимæ фыстæг нæ райгом кодтой, уæдмæ йæ быиатæй змæлгæ дæр иæ фæкодта. Кæронмæ йæ-каст нæма фæцис, афтæ Хари- то!ш хо Эммæйы цæстытæ цины ’рттывд фæкодтой æмæ йæ рынчын мад кæм хуыссыд, уырдæм йæхи баппæрста: 284
— Мамæ!.. Мамæ!.. Харитоны лæппуйæ фыстæг... Харито- -\æн лæппу ис!.. Харитонæн лæппу баззад!.. Фыстæг ма Эммæ ноджыдæр иу хатт хъæрæй бакаст: <Уæ бонтæ хорз уæнт ме ’нæзонгæ адæм, диссаг уæм ма фæ- кæсæд, фыстæг уæм кæй фыссын, уый. Фыццаджыдæр уал уып мæхи бацамонон. Æз дæн уæ туг, уе стæг. Æрæджы мын мæ мад æрбарвыста уæ адрес. Уый раджы, тынг раджы ныффыс- -;а мæ фыд Харитон. Æз мæ фыды зонгæ дæр иæ кæныи, йæ царды хабæрттæ мын радзырдта мæ мад, фæлæ уйдои æгæр чысыл сты. Мæп пазонын фæнды мæ фыды ныййарджыты, йæ хоты, йæ хæстæ- лжыты. Иу цалдæр ныхасы мæхи тыххæй. Цардтæн æмæ ахуыр кодтон горæт Горькийы. Ныртæккæ службæ кæнын æфсады. Ма> службæ цæуы хорз. Салæмттæ æппæт хæстæджытæн дæр. Валерий». ...Знаг бырста Ленииградмæ. Советои æфсæдтæ хъæбаты- ъæй хъахъхъæдтой Ленииы горæт. Раисæ æмæ Харитон кæм глужбæ кодтой, уыцы æфсæддон хай Дæр æрвыст æрцыд уыр- дæм. Харитон та æвдыста иу сгуыхтдзииад инпæйы фæдыл. Фæлæ иу хатт тохы быдырæй нал раздæхт. Раисæ баззади чдæдзæй. Р1æ лæджы амарды фæстæ йып райгуырди лæппу. Ном ыл сæвæрдта Валерий. Хæст цыди. Раисæ зыдта йæ мойы бинонты адрес. Æмæ ^æллаг Санибамæ цалдæр хатты сæрвыста фыстæджытæ, фæ- лæ дзуапп никуы райста, фыстæджытæй бынатыл никуы ничи ^æмбæлд. Уый фæстæ дæр чындз æмæ Харитоны бинонтæ кæ- рæдзийы нæ базыдтой. Раисæ хæсты рæстæгæй фæстæмæ йæ лæджы хæдзармæ никуыуал ныффыста, æгас сæ ничиуал баз- зад, зæгъгæ, афтæ хъуыды кæнгæйæ. Фæлæ уæддæр Джимиты адрес, стыр х’æзнайау, йæхимæ æфснайдæй дардта. Цыдысты бонтæ, ивгъуыдтой азтæ. Раисæ хъомыл кодта лæ иунæг фырты. Валерий æнтыстджынæй каст фæци астæук- каг скъола. Уый фæстæ заводы бакуыста дыууæ азы æмæ йæм фæсидтысты Советон Æфсадмæ. Æфсады уæвгæйæ-иу лæппу бирæ хæттыты хъуыды кодта йæ фыдыл. Кæд æй уынгæ, никуы фæкодта, уæддæр йæ зæрдæ- йæ нæ цух кодта, фæндыдис æй йæ фыды хабæрттæ бæлвырд- дæр базонын æмæ уæд йæ мадмæ чи уыд, уыцы адресмæ гæсгæ лыффыста фыстæг йæ фыды фыды номыл, йæ зæрдæ ницы уыйас дардта, дзуапп райсдзæн æви нæ, ууыл. Фæлæ дзуапп:1 æрцыд æиæнхъæлæджы. Стæй — иу нæ... палдæр. Валерий фыстæджытæ райста йæ фыды мадæй, йæ зертæ фыдыхойæ æмæ иннæ хæстæджытæй... ...Уыцы бонты Джимитæм уазджытæ æрцыд канд Уæллаг Санибæйæ нæ, фæлæ ма сыхаг хъæутæй дæр. Хæстæджытæ 285
æмæ зонгæтæ ции кодтой Дауханы циныл, цыдысты йæм ар- фæтæ кæнынмæ. — Фæстæмæ сног дæн, — зæгъы зæроид Даухаи. — М^ низ дæр мæ ферох. Харитонæн фырт кæй ис, уый куы базыдтоп æмæ йын йæ писмо куы райстон, уæдæй фæстæмæ мæ мæ бирго зындзинæдтæ ферох сты. Æз æнæкæрон бузныг дæн, Валери- йы схъомыл кæныныл йе ’ппæт хъарутæ дæр чи бахардз код- та, уыцы мадæй. Стыр æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсын, Раиса* æмæ Валериимæ кæд фембæлдзынæн, уыцы бонмæ. Æмæ йæ уыцы бæллиц сæххæст зæронд Дауханæн. А
Георги ЬЛииЗ Джыгкайты Фодыр ш «НОГИРМÆ-ИУ ФÆХÆЦЦÆ МÆ ХАБАР...» КÆН æ къухтæ базыр-зыр кодтой. Й«т саулагЪз æн- цъылдтæ цæсгом фæтар... Фæлтау æм куы нæ бацыдаин, йæ рыст зæрдæ йын куы нæ фæриссын кодтаин ноджыдæр... Сндо æнкъардæй æвзары йæ фыртты фæстаг писмотæ. — Ггæй-джиди, искæп ма сæ куы фенин, мæиæ сын сæ мисмотæ куыд фенын, афтæ, — дзуры зæроид ус нæхпцæн. — Цыппар чындзæхсæвы скодтаии мæ фырттæн, фæлæ дзы иуыл лæр хъæубæстæ нал фæцин кодта, ничиуал скафыд сæ чын- дзæхсæвы. Зæронд йе ’ргом раздæхта ма\чырдæм. Æрмæстма баззадысты мæнæ адои — сæ къухфыстытæ. Мæпæ уый, æн- хъæл дæи, Балойы писмо у. Кæсыи иæ зонын. фæл.т уæддæр мæ зæрдæ æнкъары, чи дзы кæй фыст у, уын. Рагæй зоным ’æз Сидойы. Хæрзчысылæй лæппу ма уыдтæп; уæд. Бипонтæ -—’ бирæ, аемæ ныллæууыдтæн постхæссæгæй., Джиоты Сидо таг’колхозы дзулфыцæг уыд. Æххормаг-иу уыд- тæн,>æмæ-иу мæ $'уы ауыдта, уæд-йу мып алкæддæр авæрдта* дзулы карст. Ныр дæр ма мæ зæрдыл лæууы Сидойы дзул... Уæд æз не ’мбæрстои, Сиппйспи.ихт Гк» .,п™™..ач.„ ^^ хъæбултæ кæй уадысты, уый 28Г
Бало Лабаз Фыстой лæппутæ сæ мадмæ... «Ма тыхс, нана, истæмæн хъуаг æййафдзыстут, уый зо- нын, фæлæ тагъд ацæудзынæп нæхимæ. Кусдзынæн колхозы, раздæр кæм куыстон, уым... Бафæразут ма æрмæст æртæ мæ- йы. Нана, уæндгæ дæр дæм нæ кæнын, фæлæ ма-иу дæ цæст ахæсс... Чызджытыл. 1941 аз, 10-æм апрель». «...Мæ ахуыры тыххæй мæ арæх ауадзынц институтмæ. Уым æртыккаг курсы дæи. Ныр дæр та уырдæм цæуын. Июны вдрон фæстæмæ сыздæхдзынæп æфсæддон хаймæ. Нана, дæ хорзæхæй, фæкæс Лабазмæ. Иумæ схъомыл стæм, нæхи æф- сымæр у. Нæхи лæппутæ та куыд сты, куыд? Фыдуаг кæнын сæ ма бауадз. Житомир, 1941 аз. Май». «Æрцæудзæни мæ дарæг, сабиты хнстæр Геор», — хъуы- ды кодта Сидо. Фæлæ хъысмæты иал бафæндыдис уый. Адæм ацыдысты хæстмæ, фашистоп æрдоигтæн мæлæтдзаг цæф нык- кæиынмæ. «Нана, хæст райдыдта, фæлæ мæиæн ма тæрс. Лæппуты бахъахъхъæн. Чи зоны, уыдонæн дæр сæ рад æрцæуа. Ма-иу сæ бауром. Нæ Райгуырæн бæстæ зыиаргъ у. Мыййаг, æз куы’- иæ сыздæхон, уæд Елиоз, Лабаз æмæ Бало райсдзысты мæ» туг. Хъамбол нырма гыццыл у. Уадз, ма ферох кæнæд уый дæр мах. Ацы писмо фыссын • мæ уæрджытыл. Цалдæр млну тыфæстæ райдайдзæн атакæ/ тСыхæгты се ’ппæты дæр бафæрс. ’Дæхи Геор!». ’^ ’ Цы фæцис лæппу, йае хистæр 1фырт, цæуылнæ уал исты фыссы?.. Мад Елиозы Ело хуыдта. -Бæрзонд, хæрзконд, саулагъз лæппу. Кæм уыд кæрон Сидойы цинæи, 1941 азы июны йæ 288
фырты лейтенанты дарæсы куы федта, уæд. Фæлæ цæмæй зыд- т’а, фæогаг хатт ма нæ к’æй уыны. Бирæ уæззау фæндæгтыл фæцыд æнудæсаздзыд ногираг лæппу. Иу улæфты сахат фыста нæ мадмæ: «Ма тыхс, ма мæт кæн. Стæм фронты. Мемæ ма ис ирæттæ дæр. Нырма знæгтæ тыхджындæр сты, фæлæ ба- гъæцæнт. Сом сын хорз фæуыдзыстæм: Саламтæ — сыхбæ- стæн, кæстæртæн. Дæхи Елиоз». «Писмо уæ нал исын, мæ зæрдæ æхсайы. Дæн Украииæйы. Диссаджы хорз адæм сты, уазæгуарзон. Знон уæззау хæст \ыд, хъæутæ басыгъдысты. Агуыридурæй конд хæдзæрттæ судзгæ фыццаг хатт федтон, æмæ мæ зæрдыл æрлæууыд нæ саманкъул хæдзар. Бæргæ йæ сарæзтаиккам мах дæр. Фæлæ æгъатыр хæст... Геор ма уæддæр куы ’рцыдаид нæхимæ. Цымæ цы фæци нæ гал, куывд æмæ чындзæхсæвæн кæй хастай, уый?» Хæцыд лæппу-лейтенант Джиоты Павелы фырт Елиоз. Æмæ та мæнæ мад райста ног писмо. «Арфæ мын ракæп, на- на. Райстой мæ партийы уæнгтæм кандидатæн. Знои мын рад- той дыууæ хæрзиуæджы иумæ — Ленины орден æмæ Сырх Тьь рысайы ордеи. Афтæмæй та уый бæрц ницы сарæзтон... Ныр дæн Кавказы, нæхи Ирыстоны зæххыл. Ма ’хсайæд дæ зæрдæ. 1942 аз, октябрь». Цыд рæстæг. Тугкалæн хæстытæ ивтой кæрæдзи. Рала^у- уыд зымæг. Æнхъæлмæ каст Сидо хабæрттæм. Æмæ. райста а>ртæтигъон писмо. Уым фыст уыд: «Хъусын уын кæнæм æна- монд хабар, махæн дæр тыиг зын чи у, ахæм. Не ’мбал, адæ- мы уарзоч, уæ буц хъæбул Елиоз 4-æм декабры фæмард зна- джы нæмыгæй Цыколайы сæрмæ карз хæсты. Мах ын йæ туг райсдзыстæм. Махъоты Алихан æмæ Цæллагты Рамазан. Æрцу-иу ардæм, Сидо, фен ын йæ ингæн». Куыд нæ барызтысты мады уæнгтæ, куыннæ ныррызт йæ зæрдæ. Фæлæ йæхиуыл фæхæцыд; иунæг, мыййаг, нæ уыд. Цал æмæ цалæн бабын сты сæ рæзгæ хъæбултæ! Æмæ Сидо ацыд. Бирæ фæцагуырдта йæ фырты. Нал æй ссардта. Раздæхт фæстæмæ Ногирмæ. Ие ссыдмæ адæм сцæттæ кодтой хист, æнхъæл уыдысты, сласдзæн æй, фæлæ Елиозы мæрдон хуыз ничиуал федта хъæубæстæй. Чысыл фæстæдæр та дард кæцæйдæр Махъоты Алихан фыста Сидомæ: «Мæ зынаргъ, æнæзонгæ мад Сидо. Æз фе- хъуыстон, Елиозы не ссардтай, зæгъгæ. Уый мах баныгæдтам Цыколайы Ленины номыл колхозы электростанцæмæ хæстæг, халсартыкуыстгæнæг бригады быдырон станы цур»... Цæй тынг фæндыд мады йæ хъæбулы ингæн ссарын. Фæ- лæ йын нал бантыст. Æмæ, æвæдза, цæй хорз бакæниккой Цыколайы æмæ;'/Æхсæрысæры ногдзаутæ, сидзæргæс усы хъæ- булы ингæн куы Ссариккой, уæд.' Фыдыбæстæйы Стыр хæст -цырепæй-цырепдæр кодта. Дыу- уæ фыртмæ нал кастис æнхъæлмæ ныййарæг мад. Фæлæ зæр- дææхсайдта æртыккагмæ, Баломæ, стæйхæрз чысылæй кæйсха- 19* 289
ста, уымæ — нæ файнусты лæппу Лабазмæ. Æвддæсаздзыд- тæй ацыдысты хæстмæ. Бало каст фæцис танкистты скъола. Хъæуы тракторыл куыста, æфсады та ссис танкист. «Мауал мæм фыссут, абон цæугæ кæнæм фронтмæ, — фы- ста йæ мадмæ лæппу. — Ницыуал базыдтон Геор æмæ Елио- зæн. Мæ зæрдæ сæм æхсайы. Кæдæм цæуæм, зæгъгæ, куы ба- фæрсай, уæд ып бæрæг ницы зонын. Фæстæдæр дæм ныффыс- дзынæн». Æмæ Бало сæрвыста фæстаг писмо. «Дæн Курскмæ хæс- тæг. Æвирхъау хæст бацайдагъ ис ам. Сталинграды фæстæ фашисттæ хъавынц сæ маст райсынмæ. Фæлæ сæ фæндтæ фæ- баддзысты сæ хъуыры. Ныр махмæ дæр тынг бирæ ис танктæ. Тугдзых лæгмартæн сæрсæфæн цæф ныккæндзыстæм, бæргæ». Ууыл фæцис æртыккаг фырты цард. Нал сыздæхт Лабаз дæр. Ничиуал баззад Сидойæи кæстæр Хъамбол æмæ уый ^æ- уæтæй фæстæмæ. Баззадысты ма сæ писмотæ. Мæнæ.Балойы фæстаг писмо. Æвæццæгæн æй искæмæ лæвæрдта, æмæ йыл уæле ставд дамгъæтæй афыста: «Ногир- мæ-иу фæхæццæ кæн мæ хабар...» Æмæ сыздæхт Ногирмæ Сидойы лæппуты фарн. Зæронд усæн зæрдæнцой дæтты уыцы фари, йæ рыст ын мынæг кæны адæмы æмбаргæ уарзондзинад. *
Джиоты Соломан МЕЛКОЙЫ ÆРТÆ ФЫРТЫ Григол ;литы хъæуккаг Джиоты Мелкойæн 1912 аз амондджын аз уыд: уæд райгуырд йæ хистæр фырт Гришæ. Хæрзæгкурæггæгтæ, циндзинад, куывдтæ ацайдагъ сты. Гри- шæйы райгуырды фæстæ ахæм аз нæ уыд, æмæ~иу лæппу куы- нæ райгуырдаид сæ чысыл сыхы. — Дæ лæппуйы къах нын фæхорзис, Мелко, — дзырдтой йын хъæубæстæ. Мелкойы фырт Григол рæзти æнæнизæй, хъæлдзæгæй. Фæ- цисскъоламæ цæуынхъом дæр, фæлæ кæм уыд скъола. Ралæу- уыд Октябры социалистон революци. фæллойгæнæг адæм рас- тадысты хъæздыджыты ныхмæ æмæ кард æмæ джебогъæй ныс- састой цагъарады дуджы æвирхъау хъадамантæ. Бæстæ æрсабыр, æрлæууыд ног цард. Адæм сæрибарæй сулæфыдысты. Фæзындысты скъолатæ. Уелиты хъæуы дæр ба- кодтой райдиан, скъола. Уыцы скъолайы фыццаг ахуыр кæнын чи райдыдта, уыдонæй сæ иу уыд Джиоты Григол. Рæвдз уы- ди ахуырмæ, æнтысгæйае фæци каст скъола. Уый фæстæ Цхинвалы педтехникумы бæстон фæбæрæг сты йæ æвзыгъддзинæдтæ. 1934 азы æнтысгæйæ, иттæг хорз нысæиттимæ фæци йæ ахуыр. Æрвыст æрцыдис Знауыры рап- 291
Гоги Михаил онмæ, куыста æидæр æмæ æндæр хъæуты скъолаты куы ахуыр- гæнæгæй, куы та директорæй. 1940 азы Григолы сæвæрдтой Знауыры районы адæмон тæрхондоны сæрдарæй. Уым дæр та равдыста йæ куыстмæ- взыгъддзинад. Куыста намысджынæй. Фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Ирыстоны разагъта фæсивæд фæцыдысты хæстмæ. Гри- голы кæстæр æфсымæртæ Гоги æмæ Миха дæр ацыдысты фронтмæ. Григолы нæма ’рвыстой: тæрхондæтты сæрдартæ, лам, нæ ам дæр хъæуынц. Фæлæ кæм лæууы: «Ме ’фсымæртæ кæм тох кæнынц, æз дæр уым хъуамæ он, — дзырдта сын уый. Цалдæр хатты бацыд ’ æфсæддон къамисариатмæ æфсад- мæ йаэ арвитыны тыххæй. Ныффыста рапорт дæр æмæ йæм, боныфæстагмæ, 1942 азы апрелы æрсидтысты æмæ йæ ахуыр- мæ арвыстой Сырх Æфсады :политскоиды бацæттæ кæныны уæлдæр^ къурсытæм. Уыцы къурсытæ уыдысты Башкиры АССР? Белебейы горæты. Æнтысгæйæ; :сæ каст фæци 1942 азы ок’- тябры æмæ йæ уайтагъддæр арвыстой Калинины фронтмæ, 4-æм армимæ чи хаудта, уыцы саперон батальоны ротæйы ко- мандиры хæдивæгæй. Григол æрвылбон дæр хайад иста са- перон батарейы командирьг бардзырдтæ æвæстиатæй æмæ 292
рæстазгыл æххæст кæныны хъуыддаджы. Саперты архайдмæ знаг цырддзæстæй касти æмæ сын оæ куыст бакъуылымиы кæ- ныпы ггыххæй æхста æнауæрдоиæй. Григол йæ арæхстджын дзырдæи базыртæ æфтыдта нæ хæстонтыл æмæ сæ мобилиза- пи кодта хæстон хæстæ сæххæст кæнынмæ. Уæдмæ æфсады ивд æрцыдысты ротæйы командирты хæ- дивджытæ политикон хайы æмæ уыдонæй цæттæ кодтой коман- дои сконд. Уымæ гæсгæ Григолы арвыстой ахуыр кæнынма- Барнаулы горæты афицерты сконды 27-æм ахуыргæиæн ар- тиллерион полкмæ. Уым фæцис 1944 азы июнæй 1944 азы сен- тябрмæ. Гр’игол уæд сси командир — артиллеристон командир. Уыди йын лейтенанты чин. Афтæмæй йæ арвыстой 3-аг Бело- руссаг фронтмæ æмæ нысан æрцыдис 371-аг æхсæг полчы 76 миллиметрон артиллерион батарейы взводы командирæй. Бирæ карз тохты равдыстой хъæбатырдзинад æмæ лæг- дзинад Григолы артиллеристтæ. Цал æмæ цал эпизоды ис æр- хæссæн йæ хæстон архайдтæй, цал æмæ цал хатты сæххæст кодта уый хъаруджынæй командæкæнынады ахсджиаг хæстон хæстæ! Се ’ппæтыл кæм фæдзурдзыстæм, фæлæ дзы иу-дыу- уæ эпизодыл уæддæр зæгъæм цыбыртæй. 1945 азы январы Хурыскæсæи Пруссийы Гумбинины горæты цур иыхмæлæууæджы равзаргæ батальон æрдæгæхсæв æнæс- сыбырттæй хæстæгæй-хæстæгдæр цыд махырдæм. Фашисттыл уыд ур’с халаттæ æмæ дардмæ зын равзарæн уыдысты. Куы ’рбаввахс сты, уæд сæ ауыдтой махуæттæ. Григол уайтагъд бамбæрста хъуыддаг: знаг фæнд кодта, нæ артиллерион’ бата- рей æмæ фистæг æфсæддонтæй фронты раззаг хаххыл чи лæууыд, уыдоныл æрхъула кæнынмæ. Хъуыды кæныны рæстæг нал уыд. Фæлтæрд командир уайтагъд бардзырд радта йе ’взводы артиллеристтæн, цæмæй æхсын райдыдтаиккой знаджы. Бардзырд æххæст æрцыд: цалын- мæ сармадзантæй æхсæн уыд, уæдмæ æхстой æмæ æхстой, фæ- лæ фашисттæ бирæ уыдысты æмæ сæ иу хай æрбахæццæ махон- тæм тынг хæстæг. Ныр та скуыстой къухын хæцæнгæрзтæ — 1ранаттæ, винтовкæтæ, автоматтæ, пистолеттæ, стæй та рай- дыдта джебогъæй хæст. Æхсæвы 3 сахатæй райсомы 11 сахат- мæ цыд æнæмсæр хæст. Махуæттæ æнауæрдонæй куынæг код- той знæгты, фæлæ сæхиуыл дæр цыд стыр зиæнттæ. Уæдмæ сæм фæзынд æххуыс æмæ фашистты, равзаргæ батальоны хæс- тоитæй аирвæзын никæмæн уал бантыст. Нæ хъаруджын афицер ам фæцæф, фæлæ цæф уæззау нæ уыд, æмæ батальоны санитарон хайæ дарддæр никуыдæм ацыд. Йæ цæф ын уым бабастой, æмæ дарддæр тох кодта æлгъаг знаджимæ. Фашистон æфсæдты куынæг кæнгæйæ, нæ командæкæнынад арæх панда кодта знагыл æрхъула кæныны методæй. Григол ханад райста, гитлерон абырджытæй Кенигсберджы цур знæг- 293
тæй. æрхъулайы цы 40 мин’ салдат æмæ афицеры бахауд, уыдон куынæг кæныны тохты. \ . Уый уыд 1945 азы 8-æм февралы æхсæвы. Не^’фсæдтæ хъазуатонæй архайдтой æрхъулагонд знæгты тагъддæр ныд- дæрæн кæныныл, фæлæ уыдонæн нырма сæ къухы б^рæ хæ- цæнгарз уыд æмæ æппæт мадзæлттæй дæр архайдтой\сæ мæ- лæты ’мгъуыд адарддæр кæньшыл. Бабадтысты-иу алы æмæ алыгъуызон фидæртты æмæ æнауæрдоиæй æхстой махуæтты, нæ сын лæвæрдтои размæ цæуыны фадат: зындзинæдтæ арæз- той махуæттæн, цы сæ бон уыд, уымæй. Иу трансформаторои будкæиы бабадтысты знаджы пулеметчиктæ æмæ не ’фсæд- дон хæйттæн нæ лæвæрдтой размæ бырсыны фадат, афтæмæй къуылымпы кодтой æнæхъæн хæотон операцийы хъуыддаг. Æвæстиатæй скуынæг кæнын хъуыд знаджы зынгон тæпп. .Уыцы серьезон хæстон хæс бакодтой Григолы бæрн. К.ом- мунист-командир лæмбынæг æмбæрста ацы хæс æвæстиатæй сæххæст кæныны ахсджиагдзинад. Фæлæ куыд тагъддæр æмæ -цы амалæй, ууыл ахъуыды кæнын хъуыд. Фæлтæрд командир цæстæй абарста, знаджы зынгон тæпмæ цас дæрддзæг уыд, уый, æмæ уæд скомандæ кодта йæ артиллеристтыл. Кæд нырма æххæст не ’рбарухс, уæддæр артиллеристтæ сæ командиры арæхстджындзинады фæрцы уадидæгæн бамыркодтой знаджы. Не ’фсæдтæ растадысты æмæ, «ура» хъæргæигæ, \ абырстой размæ. Григол уыцы уæззау тохты фæцæфи æмæ йæ аластой гос- питалмæ. Знаджы æрхъулагонд æфсæдты куынæг кæныны активон хайад, кæй райста, командæкæнынады хæстон хæс иттæг. хорз кæй сæххæст кодта, уый тыххæй Джиоты Мелкойы фырт Гри- гол хорзæхджын æрцыдис Фыдыбæстæнон Хæсты II къæпхæны орденæй. Иæ риуæй ма æрттивы ноджы æртæ майданы дæр. Григолæн хæсты дарддæр хайад райсын нал баци йæ бон: госпиталы баззад суанг 1945 азы июлмæ æмæ уæд дыккагкъор- ды инвалидæй æрыздæхти йæ райгуырæн Хуссар Ирмæ. Йæ оон кусын нæ уыд, хъуыди йæ йе ’нæниздзинад сындидзык кæныи. Куы фæсæрæн, уæд куыста æидæр æмæ æндæр бæр- нон бынæтты Цхинвалы горæты. 1951 азæй фæстæмæ кусы финансон органты. 1962 азæй* абоны онг та у Цхинвалы рай- æххæсткомы финансон хайад’ы сæргълæууæг. Куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр раззагон у Григол; Цхинвалы райфинхайад кæддæриддæр ахсы фыццаг бынат областы райфинхайадты ’хсæн.бУымæ гæсгæ1'. хайады сæргь- лæууæг хорзæхджын æрцыд фицаисон куысты отличничы зна- чоксæй æмæ ССР Цæдисьг финанрты Министрады Кады грамо- тæйæ. Григол 1940 азæй у СЦКП уæнг, у фæллойгæнджыты депу- татты Цхинвалы районон Совегы депутат, райæххæсткомы уæпг 294
я?мæ Гуырдзыстоны Компартийы Цхинвалы рзйонон органи- зацийы реврзион къамисы сæрдар. Хъæбатыр хæстонтæ уыдысты Григолы æфсымæртæ Гоги æмæ Миха| дæр. Хъæубæстæн уарзон адæймæгтæ уыдысты. фронтæй дæр сæ хорзы кой хъуыст. Æгъатыр уыдысты фыдыз- нæгтæм. Æмæ уæззау хæстæй сæ фыды уæзæгмæ нал æрыздæх- тысты сæ дыууæ дæр. Миха хæрз æвзонг уыд, ницы нын баззад. Фæлæ Гоги йæ фæстæ ныууагъта йæ фырт Феликсы. Ныр Фе- ликсæн ис1 йæхи бинонтæ, цæры Цхинвалы. 3.
ГаглоШы Федыр ТАУРÆГЪОН НОЛ1 [æры нæ горæты ныллæг, нуарджын, фидæ()ттæарæзг лæг. Никæй бауырндзæн, уымæн йæ ном иууыл карздæр æмæ уæззаудæр азты кæй уыд таурæгъон, алæмæт, номхæссæи. Уын V Джиоты Алексаидры фырт Къоста. {^айгуырд 1912 азы Хъорнисы хъæуы. Иæ фыд амард 1920 азы.'( Иæ мад та, Хетæгкаты Къостайы, загъдау, «къæйыл æй фæуагъта* æмæ дыккаг мой скодта. Астаздзыд лæппу сидзæрæй аззад. Ахуыр кæныны фадат нæ’ уыд. Чысылæн ас кармæ цыди фый- нау йæ къæбæр, йæ хæлцыл. ^ Фæстæдæр йæхи айста Бакомæ. Дзæвгар фæкуыста Сура- ханы нефтбургæнæн тресты. Хæст æй æрæййæфта ам. Кусар- джы фæлыст раипта цинелæй. ,'Ацыд фронтмæ рæпхъон салда- тæй. Бакойы ма куы уыд, уæд;'сæ кодтой æфсæддон ахуыр. «Ирон лæг хотых бирæ у&рзы, — загъта Къоста. —* Мæ .чæрдæмæ тыпгдæр фæцыд пулемет. Мæ уд радтон æмæ йæ • хорз сахуыр кодтон. Мæ ас чысыл кæй уыд, уымæ гæсгæ мæ иæ ротæйы комаидпр пæ уагъта Макснмы пулеметмæ. Ницы, 290
дам, бакæпдзынæ. Фæлæ йæ ме ’мбалимæ хæрз рогæй хастонг æрмæст...» Æмæ ацы рап Къоста йæ сæр æруадзы. Æгад æм кæсы лацары кой ракæнын. Æниу Къоста ам цы аххосджын у; 1941 азы хæсты райдианы архæйдтæ мах пайдайæн нæ уыдысты. Цыдысты азтæ. Уацайрæгтæ уыдысты немыцæгты къухы кусæг тых. Аразын сын кодтой фæндæгтæ, кусын сæ кодтон алы кондæдты. Къоста дæр гуырдзиаг батальонимæ ахауд Тесселы са- къадахмæ. Йæ удыгъæдмæ гæсгæ Къоста у цырд, фердæхт- джын. Æнкъард, æнтъыснæг уавæрæн йæ бон пæ уыд æмæ бирæ рæстæджы дæргъы йæ дæлбар дардтаид тæлтæг, цырд лæппуйы. Æнæуи хъæлдзæг, дзураг. Бирæтæ-иу сар æмæ ка- тай куы кодтой, уæд-иу Къоста та заргæ кодта, науæд та-иу сæ мæстæй мардта. Къоста йæхи хъæлдзæг уымæн нæ дардта, æмæ йæ, зæгъгæ, йе ’мбæлттæй хъауджыдæр исты ныфс уыди уыцы зындонæй раирвæзынæй. Нæ, уый йæ ахаст афтæ уыди. Мæлæт? Ууыл та хъуыды дæр никуы кодта. Уымæ гæсгæ алкæй дæр фæидыд, цæмæй хæстæгдæр уы- даид Къостамæ, хъуыстаид ын йæ зардмæ, йæ хъазæн ныхæс- тæм. Иоджы уыди æнæзивæг. Командиры иунæг нйхасмæ:иу- уайтагъд фæраст хæс æххæст кæныимæ. Ацы рæстæджы-иу кфтæ никуы ахъуыды кодта, фæстæмæ ма æрыздæхдзынæн æви нæ. Леиингоры районаг, Мосабрунейы хъæуы цæрæг Къораты Иван (Къостаимæ иумæ уый дæр Тесселы растады хайад ис- та) ’афтæ зæгъы: — Чидæриддæр зыдта Къостайы (зоигæ та йæ кодта æнæ- хъæн батальон), уыдон-иууылдæр хæлæг кодтой ■ Къостамæ... йæ амондмæ, йæ хæстон амондмæ. Йæ хъару, йæ ныфсхастдзи- над цыфæнды дæр фод! Ахæм та нæ батальоны куыннæ уыда- нд! Фæлæ йæ амонд — нæмыг ыл не ’мбæлд. Ахæм рæтты-ну уыд, æмæ-иу уыцы бынатмæ сарæзтой сармадзантæ, минæты цæхæр, хæлдысты судзгæ нæмгуытæ. Сыгъдйсты-иу дуртæ, сыджыт, алцы дæр-иу сæфт æмæ куынæг кодта, фæлæ-иу фæ- кæс æмæ- та мæнæ Къоста дæ уæлхъус фæзынД. Йæ амонд ын бæллиццаг амонд хуыдтам, — худгæйæ фæуд кæпы йæ ныхас- Иван Къостайы тыххæй. Батальоны{ командир Шалва Лоладзе тынг бирæ уарзга Къостайы. Растады агъоммæ йæ батальоны штабы баурæдта бастдзинад-иугæнæг хæстонæй, бахъуыды рæстæджы шта- бæп ротæтæм уый цыди æрвылхатт дæр. V, Батальоны!:р'астад райдыдта Къостайы гæрахæй. Уыи йыи Шалва бахæс кодта. Къостайы арвыста фыццаг ротæмæ (йæ командир Натрошвили уыд).' Ротæйы уæзласæиы (обозы) хпстаф та уыд немыцаг ефрейтор. Къоста йæ хъуамæ амард- таид. Æмæ уыцы гæрахы фæстæ хъуамæ батальон райдыдтаид 297
здуъшæг к’æнын батальоиы немыцаг командæкæнынад æмæ хæс- тонты. — Бункеры дуар бакодтон, — дзуры Къоста. — Ефрейто- ^ры уыцы бæстæм куы барвыстон, уæд рагæпп кодтон дуармæ. Уыди талынг. Мæ иу дæнджы фæстæ бæстæ нæмыджы къæр- къæрæмæ гранаты нæрд фестад. Тох скарз. Нæ с пароль уыд «Сакартвело». Фæхъæр кæн: «Пароль?» — Чидæриддæр «Са- картвело» нæ зæгъа, ууыл хæдæхс суадз. Цал хатты йæ суагъ- тои уыцы ’хсæв, уыдон чи хъуыды кæны. Æрмæст мæ хæдæх- «ы нæмыгæвæрæн дыууæ ивды ракодтон. Куы сбон, уæд батальоны гуырдзиаг æмæ ирон хæстонтæ зилын райдыдтой, немыцæгтæй ма æхсæвы чи аирвæзт, уыдон фæдыл. Къоста æмæ дыууæ гуырдзиаджы бацыдысты голлан- .диаг хæдзармæ. Уыдон дзы иу усы бафарстой. «Иемыцаг уæм ис æви нæ?» Ус æцæгæй амбæхста немыцаг афицеры æви йæ .немыцаг мæлæтæй стæрсын кодта, зæгъгæ, мæ ма схъæр кæн,— иауæд дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн, — бæрæг нæй, фæлæ ус фидарæй загъта: «Ам ничи ис!» Уæд Къоста йе ’мбæлттæн загъта, цæмæй сæ хотыхтæ ныд^ ларюй шифанермæ. Иæхæдæг шифанеры дуар æвиппайды фе- гом кодта. Дзуццæг бадт дзы кодта обер-лейтенант. Ацы ар- хайд-афтæ тагъд æрцыд æмæ немыцаджы фехсыны бон нал фæци,— æртæ хотыхы йæ риумæ даргæйæ куы ауыдта, уæд йæ тшстелет аппæрста. — Афицеры æз пъолыл йæ зоныг æрлæууын кодтон. Йæ къухтæ йын фæйнæрдæм айтындзын кодтон. Мæхæдæг ын йæ худ систои. Уым уыди усы пистолет. Ахæм архайд мæ Шалва сахуыр кодта. Уый мæ фæдзæхста: «Къухтæ-иу хæрдмæ макуы -æд йæ бон у æмæ йæ худы.бынæй фелваса хо- тых’ æмæ дын дæхи бабын кæна». Немыцаг афицеры балæууын кодтой Шалвайы раз. «Хорз -мын фæци, дæ амынд!» — загътон æз Шалвайæи. Уый йæ мид- ’былты бахудт æмæ мын «хорз дæ, лæппу», загъта. Немыцаджы Шалвамæ куы кодтой, уæд сын уый афтæ, ’стонг мын у, зæгъгæ. Къостайы æмбæлттæй йын иу афтæ: —" Афтæ æнхъæлыс, мæрдтæм æххормæгты нæ уадзынц? Лйцы кæны, айсдзысты дæ. Къоста немыцаджы къухтæ фидар сбаста, æмæ йын йæхи ^рм«тй печенитæ бахæрын кодта. Сабийы бонты йæхæдæг <:тонг арæх æййæфта. Уымæ гæсгæ фæтæригъæд кодта знагæн дæр. ,(. , ...Лоладзейы штаб уыди хъæды къохы. Штабы кусджытæй бирæтæ амард. Немыцæгтæ шт’абыл æрхъула_ кодтой. Шалва бардзырд радта, цæмæй немыцæг^ы æрхъула атоной. Шалвайы къррд.стыр нæ уыд. Уавæр уыди’.тынг тæссаг. Атонæн бынат — быгьдæг. Гæпæн уыдц азмæ уым ’иууылдæр бабып уыдаиккой. Æхсæвы тармæ æрлæууынæн фадат нæ уыд. Немыцæгты æр- 298
Гчъула уынгæгæй-уынгæгдæр кодта. Изæрмæ сын бауромæн иæ уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, алчи дæр тарст, тыхсти. Ацы къорды ирæттæй уыдысты Къоста æмæ Куыдзеты Шаликъо, пулеметчик, хорз хæстон. Лоладзе йæ пистолетыл схæцыд — бырсыны æхст хъуамæ фæкодтаид. Уыцы рæстæ- джы иу хæстоп баризæгау кодта. Къоста йæм нал фæлæууыд: — Бырсгæ мах куы кæнæм, уæд цæуыл ризыс? Ризгæ хъуамæ немыц кæной. Ныртæккæ сын сæ митæм кæсдзыиæ. Лоладзе йæ хотых æруагъта. Ныхъхъæбыс кодта Къос- 7айы: — Æй, шен генацвале! Афтæ хъæуы, гъе! Хъуамæ мын да! хуызæттæ уаиккой иннæтæ дæр, уæд ардыгæй иунæг немыцаг дæр нал ацæуид. Кæд дын гас баззайои, .уæд дын дæ лæгдзи- ьад æз зарды хай бакæндзынæн. Къоста ацы тыхст æмæ тæссаг уавæр куы ’рымысы, уæд æрынкъард вæййы, уæлдайдæр та Шалва афтæ кæй загъта, ’кæд ма гас баззайон, уæд». Цыма йæ мæлæт рагагъоммæ ^ыдта, афтæ уыди Шалвайы ныхас, уыцы æхсарджын æмæ пондджын лæджы ныхас. — Лоладзе ирæтты бирæ уарзта, тынг ныл æууæндыди, — зæгъы Къоста æрхæндæгæй йæ уарзон командирæй. Уыцы æрхъула куы ратыдтой, уæд бирæтæ фæхъуыд Ло- ладзёйы къордæй. Лæнкауы аирвæзтысты хъæды фæндагмæ. Лм сæхи æрфидар кодтой. Къостайы хæцынæй дарддæр хъуы- дц ротæтимæ бастдзинад аразын дæр. Стæй канд уыцы куысг нæ, фæлæ ма цыди æфтауцдæттæм, науæд та голландиаг хæ- лзæрттæм кæрдзын фæрæз кæнынмæ дæр. Искуыдæм æй арвиг, уæд-иу зæххæй уæлæмæ нæ зынд, уырыйау-иу цыдæр æрбаци, Иуахæм рæстæджы Къоста раздæхт хъæуæй. Иæ дзаума- голладжы уыди цыппар кæрдзыны, цалдæр консервы банкæйы, картофта\ Йæхæдæг дæр цыдæртæ ахордта, фæхъуырттхъом. Зæрдæ уыди хъæлдзæг, йæхæдæг — сæрыстыр, йе ’мбæлттæи хæлц кæй сфæрæз кодта, уымæй. Диссаджы бои скодта. Мигъ æигом ныббадт æмæ цæсг дардмæ ницы уыдта. Иу цасдæр рауад хъæуæй. Стыр къаиауыл æй доны хизып нæ бафæндыд, æмæ фæсфæндагæй хидмæ ба- раст. Хидмæ куыд сцæйхызт, афтæ йæ фаллаг фарс мигъы æрбазындысты цыппар немыцаджы. Æвиппайды йæ сæры <«уад иу фарст: «Хиды хъус бамбæхсон æмæ сæ ауадзон?» Фæ- лæ дыккаг уысмы уыцы фарст алыг: «Ауадзæн сын нæй, уæд та мæм сæхæдæТ фæраздæр сты». Къоста хидьь^хъус æрæмбæхст. Немыцæгтæ хиды астæумæ куьг, ’рбахæццæ сты, уæд сыл хæдæхс суагъта. Иу æхст дæр <æ ничи бафæрæзта, афтæ — цыбБф æмæ æваст уыди хæст — цыппар гитлероны хидыл адæргъытæ сты. Къоста сын сæ хотыхтæ йæ уæхскыл ацауыгъта, сæ гранат- тæ æмæ сын нæмгуытæ рахаста æмæ атындзыдта йе’ мбæлттæм. 299
Фæндагыл баздæхти Тыбылты Къоламæ (Никъаламæ). Уый æмбæхст уыди йе ’мбæлттимæ иу лæнкгоиды. Хæдæхстæ уыдонмæ ныууагъта æмæ йæхæдæг афардæг йæхи къордмæ. Тесселæй ма сæрæгасæй чи ’рыздæхт, уыдои иууылдæр кæнынц Инджиайы кой. Уый Гуырдзыстоны меньшевикты рас- тады рæстæджы алыгъд фæсарæнмæ. Фыдыбæстæйон хæсты азты ссис немыцæгтæн лæггадгæнæг. Сфидар æй кодтой гуыр- дзиаг батальоимæ. Ам ма уыди иу ахæм Бакрадзе дæр. Дыу- уæ дæр æвзæр цæстæй кастысты, немыцы фарс чи нæ хæцыд, уыцы гуырдзиæгтæ æмæ ирæттæм. Нæ сæ уыди рох 1920 азы Хуссар Иры фæллойгæнджыты революцион растад дæр. Ба- тальоны хæстонтимæ куы зонгæ кодта Инджиа, уæд разылд уацайрæгты рæнхъыл. — Ирои уæ чи у? — Къоста йæ сæр æруагъта. Инджиа йын йæ роцъойыл схæцыд. — Партион дæ? Лоладзе Къостайы бæсты дзуапп радта: — Нæу! — Адон Советон хицаудзинады сæрхъызойтæ сты. Цæгъ- дын сæ хъæуы! — Дæ бæрзонддзинад, дæ фæстæ махмæ адæм иууылдæр афтæ систы, иууыл сæ кæм фæцæгъддзыстут. Мæгуыртæ æмæ партионтæ иууыл йæ удхæссæг уыДьгсты. Лоладзе-иу ’ахæм рæстæджы дзырдта, зæгъгæ, ацы ирæт*тæ хъæзныджыты фырттæ сты. Мæлæтæй-иу сæ фервæзын кодта. уый хыгъд сæ дзæхст æмæ йехсы надæй ничи ирвæзт. Ахæм дзæхст Къостайы дæр фæци. Батальон партизанон тохы уавæрмæ куы раздæхт, уæд Къоста баиу æртæ гуырдзиаджимæ. Тохтæ æмæ стыр хъизæ- марты фæстæ бастадысты. Иу бæласы бып æрбадтысты ’æмæ куыд афынæй сты, уый зонгæ дæр пæ бакодтой. Къоста куы райхъал, уæд йæ разы федта дыууæ немьг- цаджы, сæ автоматты лулæтæ йæ риумæ даргæйæ. Хотыхмæ февналын æй нал бауагътой. Фехъал сты иннæтæ дæр. Сыс- тын сæ кодтой æмæ сæ фæкæнынц бæрзонд былмæ. Немыцæг- ты бафæндыди, бæрзонд былæй уацайрæгты мæрдтæ куыд тулдзысты, уымæ бакæсын æмæ бацин кæньш. Былмæ куыд фæцæйхæццæ кодтой, афтæ Къоста бамбæрста хъуыддаг. «Уæддæр мæлæт æмæ мæлæт! Кæд аирвæзои, уæд хорз!%> Æмæ куыддæр бырцмæ бахæциæ сты, афтæ Къоста йæхи пур- тиау фехста æмæ фæдæлбыл.’’’Немыц ахæм ’æвирхъау мн лæи- хъæл нæ уыдысты; Иу æхст дæр нæма фæкодтой, афтæ Къос- та, сæрбихъуырæйттæгæнгæ, дуртыл, уагъылыйы сындзытыл йæхи хойгæ, тахти бынмæ, арф’ адагмæ. Немыиæгтæ ма йæ фæстейæ бæргæ ’хстой, иу пæмыг ын йæ агъдæн комдзаг дæр аскъуыдта, фæлæ аирнæзг. Аирйæзт, фæлæ цы хуызæнæй — 300
цъæлтæй æмæ лырхытæй. Къоста аирвæзт йæ рог æмæ фидар л-æнгты фæрцы. Нæмыг ыл кæй не ’мбæлд, йæ амонд дæр уый "мидæг уыд. Ие ’мбæлттæ цы баисты, уый нал базыдта, йæхи фæдыл та немыц уымæн нæ рацыдысты æмæ бырц уыди тынг цæхгæр, къæдзæхтæ æмæ йын удæгас æнхъæл иал уыдысты. Къостаимæ зыи у ныхас кæнын. Иæ хæстон архайдтытæй лмцæф-уымцæфæй цыдæртæ сдзуры æмæ та бамыр вæййы: — Чи зоны, афтæ зæгъай, гæды ныхас кæны, науæд та йæ- чицæй æппæлы. Хицæйæппæлæг лæгæй æгаддæр лæг, дам, пæй, — фæзæгъы Къоста æмæ та бамыр вæййы. Тесселы тохы Къоста цы стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыста, \ый тыххæй мын радзырдта мæнæ ахæм уæлæигай иыхæстæ: «Фыццаг ротæйы уыдысты хæдæхсты нæмгуытæ æмæ пу- леметты дисктæ. Шалва мын афтæ: — Ды цæрдæг лæппу дæ, хъуамæ сæ схæссай. — Уыдзæни батъоно! — Æз батъони нæ дæн, æз дæн дæхуызæн глехи лæджы фырт. — Æз велойыл абадтæн æмæ дисктæ схастон. Ууыл фæци Къостайы ныхас. Æцæгæй та хъуыддаг уыди афтæ. Уый æвдисы йæ чиныг «Иу сæдæйы хабæртты» Гарсе- -анишвили Георги (чиныг рацыд Тбилисы 1968 азы). Гарсе- ванишвили йæхæдæг уыди Тесселы растады хайадисæг, бата- льоны фыццаг ротæйы хæстон. Мæнæ Гарсеванишвили Къос- гайы сгуыхтдзинæдтыл цы фыссы, уый: «Апрелы мæйæн йæ дæсæй йæ дыууадæсмæ фыццаг сæдæ- ноны тохы бынаты æппæт дæр уыд сабыр, полчы иннæ сæдæ- йонтæ кæй тох кодтой, уый адыл немыц махы онг нал хæццæ кодтой. «Цæгат батарей» уыдис махуæтты æрхъулайы. ^ Горæт Дембургæй фыццаг сæдæйонырдæм цыдис ас- фальт фæндаг, йæ фæйнæ фарсы — къанаутæ. Ацы фæндаг мах сæхгæдтам, ууылты немыц сæрибарæй не ’рбацыдаиккой... Сæдæйоны разæй, фæндаджы рахизфарс йе ’мбæхсæны бадт æфсæддон Джиойы фырт, йæ къухы — нæмыгæзгъал. Ныллæ- джытæ конд лæг, цыдаид ыл афтæ иу цыппор азы... Тынг рæвдз æмæ амалджын лæг уыдис... йæхицæн ахæм хæрзвадат оынат сарæзта æмбæхсæн æмæ йæ исдуг нæхæдæг дæр нæ фиппайдтам. Иу хатт, дæсæм апрелы, Соломонишвили Серо сæдæйоны хистæрæн загъта, зæгъгæ, Джиойы фырт йæ бына- ты нал зыны. Бабæрæг æй кодтам æмæ кæд разынд уым, — йæ къах дæр никæдæм авæрдта, йæ велосипед дæр йæ фарсмæ, уый дæр аив бамбæрзта... Иуæндæсæм , апрелы нæм æрбайхъуыст нæмыгæзгъалы æхст... Иу^фынддæс минуты фæстæ æппæт дæр фæсабыр... Сбæрæг кæнынмзэ’? арвыстам Соломонишвили Серойы. Куыд загътон, афтæмæй фæндаг махæн æхгæд уыд. Иугæр телефо- ны хахх дæр нæ къухы куы уыд, уæд немыц сфæнд кодтой ба- гареимæ лæгдыхæй бастдзинад саразын. Дыууыны бæрц не- 301
мыцаджы уыдысты... Фæзилæиæй æрбазындысты велосипед- тыл. Джиойы фырт уавæр развæлгъау алварсонæй сбарста, æмбæхсæнæй рахизын тæссаг кæй уыд, уый бамбæрста, фæс- тæмæ баздæхыны рæстæг ын нал фæуыдаид, уый адыл йæхæ- дæг аскъуыддзаг кодта хъуыддаг — хæрз æввахс æрбауагъта немыцы æмæ сыл стæй ныккалдта. Немыц уый æнхъæл нæ уыдысты, фæтыхстысты. Уымæй спайда кодта Джиойы фырт æмæ сæ иууылдæр ныццагъта... Джиойы фырты хъайтардзинады хабар, легендæйау, ай- хъуыст бынæттон адæмыл. Алчи дæр дис кодта, ахæм чысыл лæг, дам, бæрцæй фынддæс — дыууын минутмæ куыд скуынæг кодта уый бæрц немыцæгты? Сакъадахыл тохтæ куы фесты æмæ нæ Райгуырæн бæстæм куы здæхтыстæм, уæд нæм адæм сæрмагондæй цыдысты уыцы чысыл лæджы уынынмæ, нæ сæ уырныдта, ахæм хъайтардзинад кæй равдыста, уый, арфæ йын кодтой, кæй фæуæлахиз æмæ удæгас кæй баззад, уый тыххæй».^ Гарсеванишвили афтæ кæй зæгъы, Къоста «сæдæйоны ра- зæй бадт», уымæй раст нæу. Æцæгæй уый афтæ уыди: Къос- та фæцæйцыд велойыл дисктæ хæссынмæ фыццаг ротæмæ. Ротæмæ нæма бахæццæ, афтæ фæндагыл ауыдта йæ иыхмæ- цæуæг немыцæгты стыр къорды. Йæ вело фæзылдта фæсвæн- дагмæ, æрымбæхст æмæ бынцагъд фæкодта гитлеронты. Гарсеванишвилийы чиныджы хабар куы радзырдтон Къостайæн, уæд æй бафарстон: — Ацы цауы кой цæмæннæ ракодтай бæстоиæй? ^ — Æмæ йæ цы кодтаин? Мæ зæрдæ мæм афтæ дзырдта — никæй бауырндзæн æмæ йæ басусæг кодтон. Ацы стыр сгуыхтдзинад, стæй уый размæ цы хæстои æв- зыгъддзинадыл дзырдтон, уыдон æвдисынц, Джиоты Къостайы- удыхъæды кæй ис ирон лæджы æхсар æмæ ныфс, хъару æмæ хæстон æвзыгъддзинад. Къоста хæсты райдианы кæд æдзухдæр уыд уацары æгад æнкъарæны ахасты, уæд 1945 азы уый канд уыцы æрхæндæг тæлмæй иæ фервæзт, фæлæ ма дæс хæстоны бæрц дæр сы- рæхст æмæ йæ сæрмагонд æфхæрд дæр, Райгуырæн бæстæйы маст æмæ хъыг дæр райста фыдызнагæй. Къостайыл хæсты карз уæз æрывæрдта йæ гакк — фехæлд- та йын йæ нуæрттæ. У инвалид. Фæлæ ма уæддæр бирæ цы- Дæртæ баззад йе ’взонгады хæрзиуджытæй: нырма у цырд, онгрог, фердæхтджын. ...Цззуы нæ горæты ныллæг, пуарджын, фидæрттæарæзт. лæг Джиоты Къоста. Бауырнæд уæ, уымæн йæ ном . иууыл карздæр æмæ тæссагдæр азты, уыд таурæгъон, алæмæтон,;;ном- хæссæн, ирон æхсарджыи лæджы кад æмае цытæвдисæг!; ~ ^, ’ * Гарсеванишвнли Г. «Иу сæдæйоны хабæрттæ». Тбилиси, 1968 азг фæрстæ 43—46. *
фæрниаты Дзыбуш ТОХЫ ÆХСТ- æ фарсмæ бады бæрзонд, къæсхуырарæзт лæг. Куыствæллад у, колхозы дыргъдонæй æрбаздæхт. Мысы йæ- хæстон бонтæ, салдаты гуыргъахъ фæндæгтæ. Цæстытыл уа- йынц Тохы пиллон, хæсты цæхæр, туджы лæсæнтæ... Хъæбатыр хæстОн уыдис. Уымæн æвдисæн сты йæ хæстон ордентæ æмæ* бирæ майдантæ. 1939 азы йæ акодтой Сырх Æфсадмæ. Тынг ын феххуыс, тракторист кæй уыдис, уый. Цыбыр рæстæгмæ ссис танкист. Фыдыбæстæйон хæст æй æрæййæфта Польшæйы арæйыл. 1941 аз, 22 июнь... Сæумæцъæхæй Джиоты Мелитон йæ æф- сæддои хаимæ бацыд немыцаг тыхæйисджытимæ тугкалæн хæсты. Архайдта тохы Шепетовкæйы, Киевы, Днепры был- гæрæтты. ■ Мæскуыйы раз хæцгæйæ, иу бон сфæдагурджытæ æрбахас- тоЙ-æвирхъау хабар. Медведевкæйы хъæуы уынджы немыц. оарæзтой ауындзæнтæ. Хъуамæ æрцауыгътаиккой 15 лæджы, партизантæ кæм уыдысты, уый кæй нæ амыдтой, уымæ гæсгæ. — Лæгтæ ма фæхуыйнæм, мах уыдон марын куы бауа- дзевм, — загъта йæ командирæн Джиойы фырт. 303;
Сразы сты. Фæлæ хъуыддаг таессаг уыд. Ахизын хъуыдис фроиты сæрты. Иу минут дæр дзæгъæл сафæн’ нæ уыдис. Таи- кæты мотортæ скуыстой. Разæй — Мелитоны танк. Арвы ферттывдау, тæхгæ кодтой, æви цæугæ — зын равзарæн уыд. Немыц къæппдзыхæй аззадысты, ницы сарæхстысты... Мелитоп сæ разæй, афтæмæй танктæ аирвæзтысты фронты сæрты Медведевкæмæ. Хъæууынг.... 15 лæджы ауындзæны раз æр- лæууын кодтой. Уайтагъд, пулеметтæ скуыстой... Ахст , адæм аирвæзтысты ауындзæнæй, 1943 аз, сæрды тæмæн. Фашистои æрдонгтæ сæ тыхтæ сæмбырд кодтой Орел æмæ Курскы районты. Ам сæвзæрди тæссаг уавæр. Немыц фронтмæ æрбаппæрстой ног тыхджын «Тигр»-тæ, хæдтулгæ сармадзаптæ, хæдтæхджытæ. — Иу къахдзæф’Дæр фæстæмæ нал! — ахæм уыд Сæйраг- .Хисдæркомандæгæнæджы бардзырд. Уыцы бон Мелитон нып- пырх кодта дыууæ немыцаг танчы, авд автомашинæйы та судз- гæ бакодта. Курскы хæсты Мелитоны командир Шутов уæззау цæф фæци. Немыц æрбацæйхæццæ кодтой. Цалдæр минуты ма -æмæ йыи уацары æнæ бахаугæ нæ уыд. Комаидир йæ каскæ винтовкæйы бырынкъыл бакодта. Хæрдмæ йæ сдары, тилы йæ. агуры æххуыс. Джиойы фырт æй ауыдта æмæ йæм йæ гуыбыны цъарыл бабырыд. Здыйы цъæх къæвда... .Сæ алыварс нæм- гуыты цъыс-цъыс цæуы. Минæтæ рæмудзынц... Рыг цæстытыл •бады... Мелитон цæф лæджы сæвæрдта йе ’ккой æмæ та фæс- тæмæ быры, йæ хид йæ къæхты бынæй кæлы. Тыхæй-фыдæй йæ раласта æмæ йæ госпиталыл сæмбæлын кодта: Винницæйы областы Лозоваяйы хъæуы танкисттæ æрлæу- уыдысты. Æнæнхъæлæджы сæ сæрмæ уæлдæфы февзæрд не- мыцаг бомбæппарæг æмæ сæ йæ уæлныхты систа... Советоп артиллеристтæй æмæ зениткæйæ æхсджытæй æввахс ничи уыд. Джиойы фырт æрхъуыды кодта хорз фæнд. Танкæйы сарма- дзанæй æрмæстдæр фехсæн ис фæрысрдæм. Хæрдмæ ’хсæп дзы нæй. Мелитон йæ танкæ иу пъадвалмæ ауагъта æмæ сарма- дзапы хæтæл арвырдæм фæцарæзта. Цалдæр мииуты фæстæ фашистон хæдтæхæг пиллон суагъта. 1945 азы январь. Варшавæмæ бырсгæйæ, немыцаг сарма- дзапы нæмыг сæмбæлд Джиойы фырты танкæйыл. Танкæ ссыгъд, æмæ дзы йе ’мбал фæцæф. Мелитон цæф лæджы куыд рацæйласта, афтæ йæ цуры февзЬерд фашистон салдат æмæ йыи йæ сæрыл топпы цæгатæй ралæууыд, стæй йæ марды æф- сон ныууагъта... ’ К Мелитон хæстæй куы раздæхт, уæд ыл тæфсын райдыдта уæззау ииз, йæ цæстытæй хорз/нал уыны, ’ Уæддæр, куыстæй ф’æсвæд нæ лæууы. «Хæлардззинады» колхозы куыста шофы- р’æй, трактористæй, фæскомц^дисон звенойы разамонæгæй, брйгадирæй. 304
Вибылты Олгъæ РЕДАКЦИ РАЙСТА ФЫСТÆГ тыр Фыдыбæстæйон хæстæй дзæвгар рæстæг рацыд, фæлæ хæсты хайадисджытæй бирæты зæрдæтæ нырма дæр æнцойад нæ арынц — агурынц сæ хæстон æмбæлтты. Йæ хæстон æмбæлтты — не ’мзæххонты, агуры запасы дæлбулкъон Айрапетов Ваак Мартиросы фырт дæр. Уый газет «Социалистическая Осетия»-йы редакцимæ æрæрвыста фыс- тæг.’Уым редакцийæ куырдта, цæмæй йын баххуыс кæна- хæс- ты азты Джиотæй йемæ цы дыууæ лæппуйы уыд, уыдон хъыс- мæт базоныны. «Социалистическая Осетия»-йы редакци уайтагъддæр рай- дыдта агурын ацы дыууае æнæзонгæ лæппуйы. Цæгат Ирыстоны Камбилеевкæйы хъæуккаг Джиоты Юляйы дæр æрцагуырдта редакци, кæд, .мыййаг, зæгъгæ, зоиы ацы Джиоты лæппутæй кæиæ сæ хæстæджытæй искæйы. Юляйы къухы дæр ницы зонæнтæ бафтыд æмæ уæд газет «Советои Ирыстон»-ы редакцимæ æрæрвыста фыстæг. Фыстæг- 20* 305
мæ гæсгæ «Советои Ирыстоп»-ы редакци агурын райдыдта Джиоты лæппуты. Куыд зын уыд редакцийы кусджытæн, цас тых æмæ рæс- тæг бахардз кодтой не ’мтуг, не ’мыстæг адæймæгты агурыныМ Фæлæ сæ фыдæбон дзæгъæлы иæ фæцис — ссардтой, Айрапе- тов сæ нæмттæ æмæ сæ фыды нæмттæ дæр кæмæн нал хъуыды кодта, уыцы хæстонтьь Уыдоиæй сæ иу разынд Тъбеты хъæуккаг Джибты Заха- ры (Хыбайы) фырт Самсон. Ныр дæр ма сæрыстырæй æрымысынц тъбеттæгтæ уыцы уæйгуытæконд гуыппырсар лæппуйы, уæлдайдæр та — йе ’мцахъхъæнтæ. Уыдоныл ныр азтæ сæ мыхуыр æрæвæрдтой — базæронд сты. Фæлæ Самсонæн йæ сабийы дуджы бонтæ нæ рох кæнынц. Самсон, йе ’ввахс хæстæджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй у, æвæццæгæн, 1900 азы гуырд. Хайад иста Бургъустаны хæс- ты дæр. 1919—1920 азты уыдис партизантимæ æмæ ахызт Цæгат Йрмæ. 1923 азæй фæстæмæ уыд æфсæддон. Службæ кодта Очамчиры, Ачъарайы æмæ æндæр рæтты. 1939—40 азты каст фæцис Фрунзейы номыл Мæскуыйы Æфсæддон Академи. Уый фæстæ куыста æмæ цард польшæйаг горæт Белостокмæ хæстæг Тахра-Базары: Самсонæн ма цы иугай фыстæджытæ баззад, уыдон кæс- гæйæ, алчи дæр бамбардзæн, æнæкæрон бирæ кæй уарзта йæ райгуырæн бæстæ, иууыл фылдæр та — нæ адæмы. Мæнæ йæ иу фыстæджы цы фыста йе ’мкъай Бикойты Палинæмæ: «...Курып дæ, мæ зынаргъ, хатыр, арæх дæм кæй нæ фыссын, уый тыххæй. Дæхæдæг зоиыс, æппынæдзух тæккæ арæныл вæй- йын. Хъуамæ цырддзаст æмæ къæрцхъус уай. Уый æдде ма мæ дзаумæттæм зилын ’хъæуы, кæм сæхтæг ахуыйын бахъæуы, кæм иту авæрын, кæм уат рафснайын. Афтæ хъæуы, мæ зæр- ватыкк, хъуамæ æппæт æгъдауæй дæр дæ кæстæртæи -цæвит- тойнаг уай хъуыддагæй, науæд цæй хъомылад райсдзысты æрмæст ныхæстæй,— хъуамæ сыи царды цæстæй фенын кæнай дæхи сæрмагонд удæй хорз цæвиттои»... Айрапетов дæр, мыййаг, дзæгъæлы нæ зæгъы, зæгъгæ, майор Джиоты Самсон у&дис, цы штабы службæ кодта, уыцы арæнхъахъхъæнджытæн се ’ппæтæн дæр цæвиттойиаг, æмгар- уарзаг, хъæлдзæг, бирæ уарзта спорт, тынг хъахъхъæдта æф- сæддон дисциплинæ. 1941 азы онг Самсон уыдис арæнхъахъхъæнæг штабы хайа-' ды хистæр. Фашисттæ нæ бæстæм сырдон æгъдауæй куы >:|рба- бырстой, уæд удуæлдай тох коДТ(ж махонтæ. Знаджы тыхтæ уыдысты æгæрон бирæ æмæ бйрæ тугкалды фæстæ махонтæ командæкæнынады бардзырдмæ гæсгæ фæстæмæ Хурскæсæны- ’рдæм алæууыдысты. 306
Слонимы горæты райоиы Зельвамæ хæстæг тархъæды фылдæр хай æртхутæг фестад, знаджы хæдтæхджытæ йыл æнæсцухæй калдтой æмæ калдтой бомбæтæ. Цыдæр æгъдауæй фæхицæн Айрапетов йе ’мбæлттæй. Бирæ рахау-бахауы фæстæ фембæлд штабы командирты къордыл. Уыдоиимæ уыдысты майор Джиоты Самсон æмæ украинаг капитан Кучма В. Автомашинæты цыдысты Хурыскæсæнырдæм, фæлæ сыл знаджы бомбæтæ ихуарæгау кодтой æмæ сæ машипæтæй æр- тæ бынтондæр басыгъд. Бахъуыд сæ къахæй цæуын. Цасдæр фыдæбæтты фæстæ бахæццæсты иу чысыл хъæумæ. Ам сыл фембæлд иу зæронд л.æг æмæ уым æрбынат кодтой. Капитан Кучма, дуармæ рацæугæйæ, федта. æпæнымæц фашистты. Кучма хæдзармæ фездæхт æмæ бамбарып кодта йе ’мбæлттæн. Уыдонæн зæронд лæг развæлгъау æрцæттæ кодта дæрдджын дзаумæттæ æмæ сæ уайтагъд акодтой сæ уæлæ. Самсоны амындмæ гæсгæ аивтой сæ мыггæгтæ. Фашистты ныхмæ æрлæууын ницы пайда радтаид. Уыдыс- 7Ы тыиг бирæ, махонтæ та — æртæ- Зыдтой, æрмæст пистолет- тимæ æнæмсæр тох сын кæй пицы пайда æрхæсдзæн. Цалдæр сахаты фæстæ сæ бакодтой æндæр хъæумæ. Ам уыд махонтæй 600 ахст лæджы. Ахицæнтæ сæ кодтой дыууæ хъордыл — æфсæддон дарæс кæуыл уыд, уыдоны иуæрдыгæй фарс æрлæууын кодтой, иннæ адæмы та — иннæрдыгæй фарс. Фыццæгты ныгуылæнырдæм арвыстой æдхотых хъахъхъæн- джытимæ, иннæты ссæрибар кодтой, семæ уыдысты Айрапе- гов, Кучма æмæ Джиойы фырт дæр. Райдыдтой та ногæй хъæдты цæуын нæхиоитыл фембæлы- иы ныфсæй. Бирæ æгъуыссæг æмæ æххормаг бонтæ фервыс- той, афтæмæй куыддæрты 1941 азы 8 шолы бахæццæ сты Минскмæ. Ам, горæты кæрон, базыдтон, Фрунзейы уынджы 57 номыры ’лигъдæтты хæдзар кæй ис. Уый размæ азты кæд- дæр службæ кодтой ацы горæты æртæ дæр æмæсæ ныфс ба- цыд, сæ зонгæтæй искæуыл кæй фæхæст уыдзысты, уымæй, цæмæй иудзинад сарæзтаиккой æмæ фыдгулты ныхмæ æгъаты- рæй тох кодтаиккой, уымæн æмæ дарддæр цæуæн нал уыд. Гъе, уыцы хъуыдыимæ бацыдысты лигъдæтты хæдзармæ. Ам сын тынг баххуыс кодта Мария Макары чызг Рындо — куысг сын ссардта ацы хæдзары хæринаггæнæн кухнийы æмæ уай- тагъд райдыдтой партизанон къорд аразын. АцыУпартизанон къорды уыдис 45 сырхæфсæддон коман- диры. Уыдон æмбæхст уыдысты ацы хæдзары хуымæтæджы дарæсы. Самал кодтой хæца?нгæрзтæ æмæ сæ разы æрывæрд- той^немыцаг лæгсырдты фæсчъылдымы æгъатырæй куынæг кæныны хæс. Иу бон, бынтон æнæнхъæлаёджы, Самсои кæрты фембæлд не ’мзæххон Бузалайы хъæуккаг Джиоты Михаилы фырт Сер- гейыл (Дзамбол). Уый хæсты размæ уыд дæлбулкъон. Дыууæ 307
’рвады кæрæдзи хорз зыдтой — иу рæстæджы ахуыр. кодтой Фрунзейы иомыл Мæскуыйы Æфсæддон Академийьь Джиоты Сергей цалдæр боны фæстæ фембæлд йæ зонгæ ь.омдивыл. Уый уыди булкъон Ничипорович Владимир Иваны фырт. Ууыл дæр уыд хуымæтæг дарæс. Уый дæр, æрхъулайы бахаугæйæ, активонæй архайдта партизанон къорд аразыныл. Бадзырдтой, цæмæй иумæ архайдтаиккой, знаджы ныхмæ сæ тыхтæ сæмбырдкæнгæйæ. Самал кодтой хæцæнгæрзтæ, хæс- тон æрмæджытæ æмæ медикаменттæ. ’ Æрвылбон дæр æмбæлдысты кæрæдзиимæ æмæ бæлвырд- дæр кодтой сæ фидæны архайдтытæ, кæрæдзийæн лæвæрдтой, кæмæн сæ цы баитыст саразын, уый фæдыл хыгъд. Уый æмрæстæджы сусæгкуыстгæнæг сылгоймæгтæ: Анто- иинæ Климович, Евдокия Сприиджук æмæ бирæ æндæртæ æх- хуыс кодтой уацарыбахауæг сбветон хæстонтæн лагертæ æмæ рынчындæттæй алидзынæн. Сæдæгай æфсæддоиты фервæзын кодтой æмæ сæ, партизанон къордтæ аразгæйæ, æрвыстой зна- джы ныхмæ тохмæ. Ничипорович кæмдæр самал кодта сыгъдæг æнæфыст пас- гюрттæ æмæ сæ алчи йæхи æрымысгæ мыггагимæ байдзаг код- та: Айрапетов сси Акопян, майор Джиоты Самсон — Хуыбыл- тæй, дæлбулкъон Джиоты Серги — Къæбултæй æмæ капитан Кучма та — Пинчук. Хæрз цыбыр рæстæгмæ самал кодтой бирæ алыгъуызон хотыхтæ: къухы пулемет, автоматтæ, медикаменттæ, продукт- тæ. 1941 азы 17 сентябры Ничипорович фембæлд лигъдæтты чæдзары Самсон, Сергей, Айрапетов æмæ Кучмаимæ. Ацы фембæлды скъуыддзаг æрцыд, цы партизанон къорд бацæттæ кодтой 80 адæймагæй, уыдон горæтæй 19 сентябры къордтæй арвитын, цæмæй изæры араст уыдаиккой Червинскы районы хъæдтæм (Миискы областы). Ничипорович цард горæты æмæ йæ ацыдæй 10 минуты дæр нæма рацыд, айтæ бынæттон полицæ æрбафсæрстой уат- мæ æмæ æрцахстой Сергей, Самсон, Айрапетов æмæ Кучмайы. Ничипорович уыцы хабар куы фехъуыста, уæд сорганиза- ци кодта горæтæй рацæуын, хотыхтæ, æфсæддон фæсауæрцтæ, медикаменттæ æмæ продукттæ семæ ахастой, афтæмæй хъæд- мæ айста йæхи йæ отрядимæ. Ацы цыппар командиры бакодтой ахæстоны. Фæндзæм бон сыл райдыдтой фарста кæнын. Айрапетов-Акопян йæхи рахуыдта столяр, æнахуыргонд, адæймаг æмæ йæ ссæриёар кодтой. Æрыздæхт фæстæмæ йæ зонгæ сусæгкуыстгæнджы- тæм. '»' . Фæстæдæр сусæгкуыстгæнæг сылгоймæгты фæрцы баст- дзинад арæзт æрцыд ахæстоны хъахъхъæнджытимæ. Фæлæ зæрдæ цæмæй барухс уыдаид, ахæмæй дзы ницы уыд. зЬ8
Р1е ’мбæлтты ахæстонæй фервæзын кæныиæн кæй ницы амал уыд, уый тыххæй Айрапетов ацыд Ничипоровичы къорды ггурæг хъæдмæ æмæ сæ маст истой цыфыддæр знагæй.. " Фæстæдæр, сусæгкуыстгæнджытæ куыд радзырдтой, афтæ- мæй Джиоты Серги фарста кæнынæй куы ’рбаздæхт, уæд йе ’мбæлттæн ницы схъæр кодта, афтæмæй æхсæвы йæхи æрца- \ыгъта. Джиоты Самсон æмæ Кучма Федоры ма сусæг куыстгæн- цжытæ федтой фæстаг хатт ахæстоны дуармæ 1941 азы ноя- Г»ры. Уый фæстæ ахæстон бынæттон полицийы бæсты хъахъ- лъæньш райдыдтой немыц сæхæдæг æмæ сусæгкуыстгæнджы- тæн фастдзинад нал уыд ахæстæттимæ. Дæлбулкъон Айрапетов дарддæр йæ мысинæгты фыссы, пæгъгæ, Джиоты Самсон æмæ Сергей, Кучма Федор æмæ æн- дæртæ, куыд сусæгкуыстгæнджытæ, афтæ уыдысты фидæны етъау партизанон къорды астæумагъз. Сæ фæстаг сулæфты онг æнувыд æмæ иузæрдион уыдысты сæ адæм æмæ сæ Рай- гуырæн бæстæйыл. Запасы дæлбулкъон стыр хъыг кæиы, Джиоты Самсон æмæ Кучмайы хуызисттæ æмæ Самсоны цалдæр фыстæджы, цасдæр рæстæджы йæ дзыппы фæхæссыны фæстæ, кæй нал ссардта, ууыл. Уыцы фыстæджыты Самсон фыста ахæстонæй 1941 азы сентябрь — ноябры. Уый стыр ныфс уыд, ахæстонæй кæй аирвæздзæн æмæ фашисттæй æнæмæнг йæ маст кæй райсдзæн. Уымæй дарддæр фæдзæхста йе ’мбæлттæн, цæмæй дард ма ацыдаиккой æмæ сын бастдзинад уыдаид. Джиойы фырттæ дыууæ дæр, стæй Кучма афтæ бирæ хъа- ру цы лартизанон къорд саразыныл бахардз кодтой, уымæй сырæзт стыр хæстон баиугонд æмæ архайдта знаджы фæс- чъылдымы суанг хæсты фæудмæ, райдианы Миискы, стæй та Могилевы областы, цыран ссæрибар кодта фондз районы фа- шпсттæй æмæ дзы фæстæмæ сæвæрдтой Советон хицауад. Ныгуылæн фронты штабимæ сын уыд иудзинад. Разæн- гард кодтой дзыллæты цыфыддæр знаджы ныхмæ тохмæ æмæ йæ дæрæн кодтой. Запасы дæлбулкъон Ваак Мартиросы фырт Айрапетов йæ мысинæгты фыссы, тынг зын ын кæй у йæ хæстон æмбæлттæ — Джиоты Самсон æмæ Сергей, стæй Кучма Федоры мысын. Хъайтартæ нæ мæлынц. Цæры Джиоты Самсон йе ’мзæх- хон тъбеттæгты зæрдæты, цæры æмæ цæрдзæн, чи йæ зыдта, кæимæ куыста æмæ.тох кодта, уыдон зæрдæты дæр, уымæи’ аэмæ уый удуæлдайæ тох кодта йæ Райгуырæн бæстæ, Советон одæмы ха^дбардзинады сæрыл. ^
Хостыхъоты Зинæ «ДЗЫЦЦАМÆ МЫН ЧИ БАДЗУРДЗÆН!» ладимир куыддæр шоферы ном райста, афтæ йæм æфсадмæ æрсидтысты. Уый 1940 азы уыд. 1941 азы та Фыды- бæстæйы Стыр хæст райдыдта. Райдыдтой салдаты-тохы бон- '|æ. Владимир сбадт хæстон машинæйыл. Уый бæргæ нæ уыд пæ ба\ллиц, шоферты скъолайы ахуыр кæнгæйæ. «Сæрибар фæндæгтыл, фæллойы фæндæгтыл», — уый уыд йæ нысан, фæлæ... Хæсты райдианæй суанг 1943 азмæ уыд 100-æм автоба- зæйы шофер. 1943 азæй хæсты фæудмæ та — куынæггæнæг полчы шофер. Кæм пæ балæууыд йæ хæстоп машинæйыл’ ацы æвзонг лæппу! — Ростов, Астрахань, Хъалмыхъы быдыртæ» Хъы- рым, Сталинград, Лепинград, Украинæ, Белорусси, фæсарæнтæ. Стыр хæбатырдзинад равдыста Джиоты Владимир- ,Ук- раиь’æны хæстытæй иуы. Сæ полк бахауд знаджы æрхъулайы. с!>есты хæстон фæсауæрцтæ, снарядтæ. Команднр фæсндт шо- фертæм: «Чи ацæудзæп фæсауæрц хæстои æрмæджытæ ласынмæ, ц\\ бахæсдзæн йæ ныфс æрхъулайы сæрты ахизынмæ». 310
Владимир бирæ нæ ахъуыды кодта:- «Цæуын хъæуы æнæ- мæнп мæ амонд цы уа, уый уыдзæн. Æз цæуын, æмбал ко- мандй^, фæлæ мыййаг... уæд-иу фехъусын кæнут дзыццанæн, мæ хийнтæн»... Машинæ адард, фæлæ ма уæддæр командиры хъусты зæ- лыдысть^ шоферы зарæджы æнæзонгæ зæлтæ: д «О-оН,, дзыццамæ мын чи бадзурдззен, О-ой, райсомæй раджы куы араст вæйпы Хырхы комы сæрмæ, ой мардзæ, Сæрджын саг марынмæ, 1ъей...» «Æрбаздæхдзынæ, æнæмæпг æрбаздæхдзыиæ уæлахизæй»,— лæ фæдыл кæсгæйæ, хинымæр дзырдта командир. Æмæ фесгуыхт ирон лæппу. Знаджы нæмгуыты бынæй раирвæзт сæрæгасæй, сæххæст кодта йæ хæстон хæс. Полк абырстой размæ æмæ знаг дæрæн æрцыд. Уыцы хъæбатырдзи- пады тыххæ’й Владимир хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. 1943 азы Севастополы сæрыл.тохты ногæй басгуыхт Джпо- 11Ы фырт. Æхсæвыгон денджызы- февзæрдысты знаджы цып- пар баржæйы. Тугкалæн хæсты >немыцаг æртæ баржæйы се ’пусон фæндагыл ацыдысты денджызы бынмæ, фæлæ цыппæ- рæм уæддæр къорд рæстæджы лæууыд ныхмæ. Уæдмæ фæуд кодтой полчы æфоæддон фæсауæрцтæ. Æвæстиатæй снарядтæ фæхæццæ кæнын хъуыд æфсадмæ, фæлæ куыдæй? Машинæйæ? • Нæ, уый тæссаг уыд. Знаджы нæмгуытæ ихау уарыдысты, га>- пæн уыд æмæ иу дзæгъæлы нæмыг æд снарядтæ фæхастаид машинæйы. Владимир цалдæр лæппуимæ, сæ фазыл быргæйæ, сæм- бæлын кодтой хæцæг æфсадыл снарядтæ. Дыууæ сахаты хъа- зуатон хæсты фæстæ уыцы баржæ дæр ацыд иннæты фæдыл. Ахæм сгуыхтдзинады тыххæй та Джиойы фыртæн лæвæрд æр- цыд дыккаг хатт Сырх Стъалыйы орден. Иухатт дыууæ æмбалимæ машинæйы ацыд развæдсгарæг. Бирæ фæцагурыиы, бирæ тæссаг уавæрты бахауыны фæстæ бафтыдысты знаджы фæдыл. Знаг сыл нызгъæлста пæмгуы- тæ. Згъæлдысты машинæйы æвгтæ, фæркгай хаудтой йæ фæр- стæ, фæлæ хъæбатыр хæстон шофер ацы хатт дæр наехи æмæ Г.е ’мба^лтты ратыдта адзалы дзæмбытæй. Æркодтой «æвзаг». Уый тыххæн Владимир хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады тыххæй майданæй4. Хæххои лæппу’ сæрибархæссæг Советон Æфсадимæ иумæ, фашизмы дзæмбыты бынæй дзыллæты сæрибаргæнгæ, ацыд суанг фæсарæптæм. Бахæццæ Кенигсбергмæ. Кенигсберджы спсыны тохты йын лæвæрд æрцыд пог майдан. 311
Советонч зæхх ссæрибар. Знаг кæронмæ дæрæн æрцыд’ йæ- хи къæсæрыл. Йæ хуыздæр хæстонтæм æнхъæлмæ каст \Мæс- куы уæлахизы парадмæ. Уыцы хуыздæртæй иу уыд Д>&иоты Владимир. Ам парады хорзæхджын æрцыд Кады æртыккаг къæпхæны орденæн. 7 ’ 1946 азы æрыздæхт йæ райгуырæн горæт Тбилисмæ.. Ин-' нæ хæстонтау уый дæр æрлæууыд Фæллой кæныныл./йæ шо- феры хæстон фæндæгтæ раивта, йæ бæллиц чи уьщ, уыцы фæллойы фæндæгтæй. Куыста Тбилисы иу æфсæддон хайы, уый фæстæ та Громы хъæуы нефтсгарæг партийы/шоферæй. Иыр 10 азæй фылдæр кусы Дзауы курорты автобусыл. Тынг разы дзы сты курорты æппæт кусджытæ, фæлладуадзджытæ. ^
Асаты Реуаз ИРЫСТОНÆИ — ЧЕХОСЛОВАКИМÆ •æгуыртæг, Къалиан, афæдзы дæргъы дыууæ хъæ- булæй афтид абадай?.. Иутайын дзы хæстæй нал æрыз,д,æхт... — арф ныуулæфгæйæ, загъта зиаимæ ’рцæуæг адæмы ’хсæн чидæр. Æз дæр йæ фарсмæ лæуд фæдæн, азылдтæн æм æмæ йын- йæ къух ранстон. «Ха-стæй нал æрыздæхт», зæгъгæ, уыцы ны- хасмæ мæ зæрдыл æрлæууыд иу хабар: — Фæлæу-ма, дæ хорзæхæй, кæд нæ рæдийын, уæд ам:. Къостгйы хъæуы, Джиоты Ясонтæ дыууæйæ стут. Хæсты уæ* кæиь1 уыдис? — иуварс акæнгæйæ, афарстои нарстдзæсгом, рз&сгæмбисас, бæзæрхыг лæппу-лæджы — Хæстыхайад иста ме ’мном æмæ ме ’рвад, «къæсхуыр- Ясоп»жкæй хоныс, уый дæр, цæфæй ма уацары дæр бахауд, (æпиу дзы æз[дæр фæдæн иу цасдæр рæстæджы). Бирæ фы- дæбаптæ фæкодта, хатт сæ бар-æнæбары æрымысы, — дзуапп~ радта мæ зонгæ æмæ сабыргап сæхимæ араст стæм. * Хæдзары баййæфтам Ясоны мады, йæ чындзы. Балкъоныл 1,ысыл сывæллæттæ — Ясоны ’фсымæры сабитæ — хъазыды- 313
<сты, хъарм бæстæй æртæхæг цъиутау, хъæлдзæгæн цъыбар- цъыбур кодтой ! Ардыгæй цæстыты раз айшнг ис Къостайы хъæу, йæ дыргъдæттæ^ йæсæндæттæ. Апрелы фæстаг бонтæй сæ иу фæ- ;уынхъус уыдис. Цалынмæ фæйнæрдæм фæлгæсыдтæн, уæдмæ фысым фынгмæ ’æрхаста йæ хæстон хорзæхтæ, йæ документтæ, алы æмæ алы гæххæттытæ. Стыр уарзондзинады æнкъарæнтимæ æрмысы Ясон йæ хъомылгæнджыты, Къостайы хьæуы уæды ахуыргæнджыты. Джиоты Ясоны фыд Григол (Гора) Уæрæсе-Турчы хæсты хайадисæг, йæ’ мад Коцон кодтой зæххы куыст сæ хъæуы кол- хозы, хорз схъомыл кодтой сæ дыууæ фырты æмæ се ’ртæ чызджы. « Ясон 1942 азы марты поезды ныххæццæ Цæгат Ирыстон- мæ. Цы ’фсæддон хаймæ бахаудта (4-æм уæлдæфон десантон бригадæ), уый лæууыдис Орджоникидзейы завод «Цветметы» территорийыл. Десантон æфсады уæвгæйæ, хæдтæхæгæй пара- шютыл гæпп кæныи ахуьф кодтой Беслæн æмæ Алагиры сæрмæ. Уыцы аз (иу цалдæр мæйы ф,æстæ) эшелоны ацыдысга Сау денджызы ’рдæм. Кубайнаг станицæ Крымскаямæ ных- хæццæ сты... Уæд иемьшаг фашисттæ Хъырымæй лæбурдтой Кубаиы зæхмæ. Уыцы станицæйæ фистæгæй фæцыдыстæм Таманмæ, — лæмбынæгдæр райдыдта Ясон. — Уыцы ран фæхицаж ст?ем ме ’мгæрттæ Тедеты Федя æмæ Гогиимæ. Æз бахаудтæн 266- æм Темрюкы æхсæг дивизийы 873-æм Богдан Хмельницкийы, Александр Невскийы æмæ Сырх Стъалыйы орденджын æхсæг^ полкмæ (уыцы хорзæхтæ йын уый фæстæ хæстон стæрты рад-' той). • Ацы æфсæддон • хайы сконды августы æмбисты æхсæвы- гон. ффцагайдтой Новороссийскы ’рдæм, Сау денджызы дон- былгæрæтты. Гитлерон сау сынтытæ горæтыл бомбæтæ калд- той, сыгъди зæхх,. уынæргъыдта, денджызы улæнтæ зпæтæй ^æбурдтой, æхсыстысты. Джиоты Ясон æмæ йæ хæстон æмбæлтты Таманæй — Новороссийскмæ стæры-фæстæ цырд сбадын кодтой нчуы æмæ сæ бамидæг кодтой Туапсейы иу бон æхсæвыцъæхæй. Ныр уый . бахаудта 373-æм æхсæг -дивизийы 1287-æм полчы 1-аг батальоны 1-аг пулеметон ротæмæ. Ссис ефрейтор, радтой йæм «Максим». ’ , , — Туапсепæ ацыдыстæм Майкопы здæхты уынгæг кæмтты, тар хъæдты. . /. , -)—-Фæлæу-ма, мæ бон, æмæ мах дæр уыцы ран куы уыдц- <ста?м- 1942 азы фæззæджы? —;-фæрсæджы - .каст бакодтон Ясонмæ. , *$. 1Т— Æфцæгыл, Майкопмæ ’ввахс тар хъæды (о, цас дзы уыдис цъабли бæлæстæ, цас!) æрлæууыдыстæм хъахъхъæдады -314
язмæ дзы фестæм æртæ къуырийы. Размæ рабырстой немыц. Сæ танкæтæ иын æрбатыдтой нæ позпцитæ. ,Уым фæцæф пс МсТ мады ’рвад Коцты Павел дæр (ныртæкка^ Цхинвалы ра- йокы милицийы хайады кусы). Немыц бирæ фылдæр разын- дысты æмæ ныл карз, тугкалæн тохты фæстæ æрхъула кодтой. Нæхи нæ лæвæрдтам, .æхстам сæ, фæлæ æрхъулайы цæг æл- хъывтой, нал нæм уыд нæмгуытæ, хæрииаг æмæ иу цасдæрæй бахаудтам уыцы лæгсырдты дзæмбытæм. Майкопмæ нæ атард- той, уырдыгæй 1943 азы зымæджы — немыцаг лагертæм, — арф ныуулæфгæйæ, дзуры Джиойы фырт, стæй банцад. Смидæг сæ кодтой Хурныгуылæн Украинæйы горæт Мука- чевойы. Арæзтой фæндæгтæ, цæттæ кодтой хъæдæрмæг. Хън зæмарæй сæ мардтой,, надтой сæ, стонгæй сæ цагътай. 1944 азы рагвæззæг. Хъæды æхсынцъытæ сбæззыдысты. Ахæм рæстæджы сын 5 уацайрагæй куыддæр æгъдауæп бан- тыстис алидзын. Дыууæ бон æмæ дыууæ ’хсæвы цыдысгы тар хъæды. Фæлæ кæдæм? Чердæм? Хæйрæг æй базонæд... Бирæ фæрахау-бахау кодтой. Стæй иу къуылдымыл æр- лæууыдысты. Сæ бынты цыдис фæндаг. Фæцыдис æхсты хъæр. Ныннæрыд танкæты стыр колоннæйы цæлхыты æмæ моторты хъæр. Бæрзондæй æххæст нæ равзæрстой, кæй танкæтæ уыды- сты, уый.* 1944 азы фæззæг æмæ зымæджы карз тохтæ сцырын сты Вснгри æмæ Польшæйы. Венгрийы Джиоты Ясон цы ’фсæд- дон хаймæ бахаудта, уый дæр хайад иста уымыты. Ирон хæ- стон йæхимæ сусæгæй азым хаста, йæ удæгасæй иемыцмæ уа- цары кæй бахаудта, уый тыххæй. • *—Нæ^ æз хъуамæ мæ тугæй мæ азым срасткæнон, уыцыху- динаджы гакк æмæ уæззау уаргъ хъуамæ ме уæхсчытæй ап- парон, — йæхицæн хъуыдытæ кодта Ясон æмæ-иу арæх йæ зæрдыл æрлæууыд, 1942 азы уалдзæджы цы хæстон ард ба- хордта, уый. Æмæ райдыдта йæ маст исын. Уый уыдис Польшæны зæххыл. Хъæдæй цыдис чысыл цæугæдон. Йæ рахиз допбыл гæрон уыдис бæстыхай. Ясон æмæ йе ’мбæлттæ æртæйæ къа- науы • ныггæппытæ кодтой. Не ’ннæ фондз автоматчикы та хъуызгæ-хъуызгæ уыцы хæдзармæ бацыдысты. Иу сыбыртт дæр никуыцæй хъуыстис. Нæ автоматчиктæ куыддæр дуар фе- ’гом кодтои, афтæ сыл немыцæгтæ мидæгæй автоматтæй ныз- гъæлстой,— чи рудзгуытæй, чи комкоммæ дуары къæсæрыл. А^мардтой сæ уыцы цъаммæрттæ. \ Немыц ку^рмæхст кодтой Ясонпты дæр, сыстын сæ на» у.агътой.’.Махонтыл уыдис урс халаттæ, сæ автоматтæ æмæ сæ -\>усджын худтæ дæр миты нытътъыстой, цæмæй сæ ма бафип- лайдтаиккой. Уалынмæ хъæдæй бæстыхайы ’рдæм рацыдис 10 немьщаджы бæрц къардиуы былтыл. Хъуамæ къанаумæ æр- гæпп кодтапккой, цæмæй хæдзармæ хъуызгæ-хъуызгæ баир- 315
вæзтапккой. Махонтæ сæ не ’хстой. Къанау арф уыдис æмæ сын сæрбахъуыды рæстæджы фæстæмæ схизын фæзын уыдаид. Иу сæдæ метры бæрц сæ ’рбауагътой Ясонитæ æмæ сæ стæй æхсын райдыдтой. ■— Галуадзынафон уыдаид, — дзуры Къостайы хъæуккаг совхозы зæхкусæг,— афтæ ныл хæдзары цы немыцæгтæ бад- тысты, уыдон автоматтæй ныккалдтой. Фæлæ сæ нæ артилле- ристтæ бафиппайдтой .æмæ сæ комкоммæ æхсын райдыдтой. Æртæйы дзы фæмард кодтой, иннæ дыууæйы мах уацары акодтам. Уый тыххæй не ’ртæйы дæр схорзæхджын кбдтой. Хъæбатырдзинады тыххæй майдантæй, — йæ ныхас фæцис сабыр, æнац-æнцойæ Ясон. Уый дæр уыдис Польшæйы зæххыл. Джиойы фырт цы ротæйы уыд, уый кодта размæбырсæн тохтæ. Политрук 2 ав- томатчикæн бахæс кодта, нæ транспорт хъæды кæуылты ацæу- дзæн, уыцы бынат басгарын. Уыдис зымæг. Хъæды астæу фæз ахаста. Назтæ, мохъотæ рæхснæгæй митæмбæрзтæй лæууыды- сты. Иу ставд бæласы фæстæ æмбæхст уыдис немыцаг хъахъ* хъæнæг. Нæ развæдагурджытæ йæ нæ уыдтой, нæдæр сæ уыГг уыдта. Уыдис тар æхсæв. Нæ хæстонтæ бæласмæ хæрзæв- вахс бацыдысты æмæ уырыссагау куы сдзырдтой, уæд фриц фыртæсоæй фæсонт ис æмæ ныхъхъæр кодта йæ тых йæ бо- наш, хæрдмæ фæхаудта, йæхи нæ хæстонтыл ныццавта. Фæлæ йæ уыдон арф миты сæ быны акодтой, йæ хæцæнгарз ын бай- стой æмæ й,æ сæ разæй ракодтой. Ие ’мбæлттæ дæлдæр хъæды къохы æхсынтæ систой, фæлæ уæдмæ махонтæ политрукимæ ’рбахæццæ сты æмæ сæ тыхджын æхстæй мæйдар æхсæв тар хъæды таппызарды хай фæкодтой. Уыцы сгуыхтдзинады тых- * хæй ирон хæстоны риуыл рафидыдта Хъæбатырдзинады тых- хæй дыккаг майдан. Арæхстджын автоматчикы фронтон æфсæддон чиныджы та кæсæм: «Горæт Бельско ссæрибар кæныны сæрыл тохты дын ит- тæг хорз хæстон архайдтыты тыххæй æмбал И. В. Сталин ар- фæ кæны». Къаддæр тохтæ нæ цыдис 1945 азы уалдзæджы æфсы- мæрои Чехословакийы адæмы ссæрибар кæныны оæрыл. Тыхджын сфидаргонд хъахъхъæдадон гæрз цыдис горæт Моравска-Остравамæ бацæуæнты. Бæстæйы индустриалон центр уыдис ацы горæт æмæ махонтæ сæ разы æрывæрдтоГг хæс, цæм’æй йæ тынг ма ныппырх кодтаиккой. Уый уыдис ит-А тæг зын, уымæн æмæ знаг горæтæй сарæзта ныхмæлæуды; хъомысджын æлхынцъ æмæ йæ райхалын хъуыдис арæхстгай: Уыцы хæс лæууыдис 4-æм Украинаг фронтьГ æфсæдты раз. 1-аг.æмæ 2-аг Украинаг фронтты- æфсæдтимæ æнгом’ æмар- хайДæй. Моравска-Остравскаяйы операци цыдис иу мæйы бæрц аемæ не ’фсæдтæ горæ.т систой 1945 азы 30-æм апрелы. 316
Уыцы уæззау размæбырсæн тохты фесгуыхтис не ’мзæх- ^он дæр. Тохы быдыры фæцæфис нæ пулеметчик. Уый бафип- пайдта Джиоты Ясон. Йæ цыппæртыл æм бабырыд, цæф хæс- тоны æдасдæр бынатмæ раласта æмæ йын йæ «Максим» дæр махонтæм фæхæццæ кодта. Размæбырст цырынæй-цырындæр кодта. Хæсты быдыры ,æд суоæг æмæ ахсджиаг документпв хуыссыдис полчы штабы хистæр уæззау цæфæй. Джиойы фырт æй раласта зынджы бынæй æмæ йæ фæхæццæ кодта медсанбатмæ. — Йæ сусæг документтæ, йæ хæстон картæмæ куы ’ркаст, уæд, ма мын пъа дæр акодта, — æрымысыд ирон тохвæлтæрд лæплу. Кады Ш-аг къæпхæны орден —• ахæм у Джиоты Ясоны хорзæх уыцы хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй. — Хæсты фæуд нæ æрыййæфта æфсымæрон Чехословаки- йы. Гитлерон æфсады машинæ дæрæн æрцыд, немыцаг фа- шизм йæ сæфт ссардта йæ лæгæты. Фæлæ знаг йæхи нæма лæ- зæрдта Чехословакийы зæххыл, Прагайы цур. Æмæ йæ уым дæр йæ зонгуытыл «æрлæууын кодтой нæ хъæбатыр æфсæдтæ. Æрлæууыдис, рагæй кæмæ бæллыдыстæм, уыцы дуг — уæлахизы бон. Чехтæ ныл æмбæлдысты, æфсымæртау, хъæр нæм кодтой: — Наздар! Наздар! — Уæлахиз! Уæлахиз! Иу ран трибунæ ацарæзтам. Уырдыгæй нæ разы митин- джы раныхас кодта нæ командæгæнæг, стæй Чехословакийы хистæртæй чидæр. Адæмы цинæн кæрон дæр нал уыдис. Мах, уæлахизхæссæг советон æфсæдтæ, танкæтыл цыды- стæм злата Прагамæ. Чехтæ иæм калдтой майы дидинджытæ, кафеттæ, танкæтæм нæм хызтысты, тыхстытæ ныл кодтой, хъæ- быстæ, пъатæ нын кодтой. * * * Иу мæй баззадысты Чехословакийы столицæйы. Стæй сын се ’фсæддон хай ракодтой Хурныгуылæн Украинæмæ æмæ 1946 азы майы йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрыздæхт авд хæстон хор- зæхы кавалер. Сæрæгасæй сæмбæлд йæ бинонтыл, фондз азы размæ хæстмæ кæцæй ацыд, уыцы уæзæгыл. Ныр йæ фырт фæуд кæны астæуккаг скъола сæ хъæуы. Джиоты Ясон хæстæй цы аз æрыздæхт, уыцы аз баулæ- *фыдис цæф.тæ æмæ тохæфхæрдæй. 1947 азы йын йæ бæрн ба- ’кодтой Къостайы колхозы бригадæтæй сæ иу (уыдис æм 100 колхозонæй фылдæр). Иу афæдзы фæстæ йæ баурæдтой кол- хозы хынцæгæй, куыста колхоз æмæ совхозы æфтауцдоны гæ- сæй, стæй дыргъдон хъахъхъ’æнæгæй. *
Виленчик Юри СТАЛИНГРАДÆЙ — ВЕНÆМÆ ■зассохты Хазбийы фырт Георгийæн куы бахæс- чындæуыдаид, дæ автобиографи ныффысс, зæгъгæ, уæд ыч бæрцæй æрдæг сыфæй фылдæр нæ бацахсид. Райгуырд 1915 аоы, Дзауы районы Тлийы хъæуы. Йæ мады нæ хъуыды кæны, уын амард, Георгийыл æртæ азы куы сæххæст ис, уæд. Иæ фыд дыккаг ус ракуырдта. Иæ фыды дыккаг ус нæ баузæлыд, нæ барæвдыдта чысыл сабийы. Уадидæгæн æн радтой си- дзæрдонмæ, сидзæрдоны фесты йæ сабион бонтæ. Авд къла- сы каст куы фæци, уæд бацыд Тбилисы педтехникуммæ. Тех- никумæй йæ акодтой Сырх Æфсадмæ. Уыд артиллерист. Хæс- ты хæдагъоммæ каст ф’æцис горæт Телауы æхсæзмæйон къур-. сытæ, радтой йын кæстæр лейтенанты чин. Хайад иата Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Тох кодта Хъырымы: Керчы, Феодоси-. яйы горæтты, хъахъхъæдта сæ’фыдгул знагæй. Хæцыд КарпаУ- ты. Командæ кодта взводыл, уый^фæоцæ та ротæйыл. Иæ æ|ф- сæддон хаимæ хæцгæ фæцыд Сталинградæй Австрийы сæй- раг ,горæт Венæмæ. Ис ын хæсгон хорзæхтæ, ныртæккæ у дыккаг къорды инвалид. Æмæ ууыл фæуæд йæ автобиографи. Фæлæ нæ, хæдæфсарм æмбал, ууыл нæ фæуд кæнынц дæ ^318
царды фæндаджы æвдисæнтæ! Дæ автобиографийы цыбыр зонæнты бын ис адæймаджы стыр æмæ вазыгджын царды хьысмæт. Уыцы стыр æмæ вазыгджындæр фæндаджы тæссаг- дæр бонтæ та ды бавзæрстай дыккаг дунейон хæсты рæстæ- джьь дæ райгуырæн фыдыуæзæджы мæлæтдзаг тохты дæ ри- уæй хъахъхъæнгæйæ. ...Уый уыди Хъырымы зæххыл Керчы горæтмæ хæстæг. Фа- шисттæ сæхи æрфидгр кодтой Æнæном обауыл æмæ <æппын- æдзуха^й æхстой мах æфсæддон хæйтты. Æнæном обауы штур- мæй сисыны хъуыдыйæ знæгтæн оæ къухы ницы бафтыд. Нæ хæстонтæ, æндон сисау, слæууыдысты æмæ-иу знаджы атакæ- ты фæстæмæ аппæрстой. — Кæстæр лейтенант Дзассохы фырт, дæуæн хазсгонд цæ- уы тынг вазыгджын хæстон хæс — штурмæй сисын хъæуы бæрзонд æмæ йæ бахъахъхъæнын хъæуы, цалынмæ дын æх- хуыс нæ.фæзына, уæдмæ, — загъта полчы командир, йæ разы ныккæнды йæ цуры къæсхуыр, æвзонг æмæ æлвæст афицеры куы ауыдта, уæд. — Дæ хæс дын æмбæрстгонд у? — Æмбæрстгонд у, æмбал булкъон, — загъта Дзассохы фырт, булкъонæн æфсæддон цыт ратгæйæ.— Бар мыи радт мæ хæс сæххæст кæнон. Æрдæгæхсæвæй ахызт, афтæ развæдсгарджытæ фехъусын кодтой, знаджы зынгон тæппытæ казмыты уыдысты, уыцы бы- нæттæ. Дзассохы фырт йе ’взводы æртæ къордыл фæдих код- та æмæ сæ акодта сæ хæс æххæст кæнынмæ. Знаджы фæсчъылдым советон хæстонты æнæнхъæлæджы- фæзындæй знæгтæ фергъуыйау сты, схæццæ-мæццæ сты æмæ, дзæгъæл гæрæхтæ гæнгæ, фæстæмæ лидзынмæ фесты. Фæлаа дзы алидзын хæрз стæмтæн бантыст. Дыууæ немыцаг афице- ры æмæ 15 салдаты уацары бахаудтой махуæтты къухмæ. Дзассохы фырт уыцы тохы фæцæф, фæлæ рынчындонмæ нæ акуымдта. ...Иу хабар та уыд ахæм: Знаг æррайау бырста Сталинградмæ. Горæтгæрон уынг- ты цыдысты тугкалды тохтæ. 42 гвардион дивизийы коман- дир бахæс кодта лейтенант Дзассохы фыртæн, цæмæй æвæ- стиатæй «æвзаг» ссара. Георги равэæрста 9 цæхæрцæст бар- хионы æмæ сæ йемæ акодта «æвзаг» самал кæиыимæ. Æнæсыбырттæй аиуварс кодтой немыцаг хтахъхъæнæджы æмæ æртыхстысты хæдзары алыварс. Уым уыдис немыцаг Штаб. •',< , Гитлеронтыл гранаттæ нызгъалгæйæ, советон цæхæрцæст хæстонтæ иу фæцæфæй смидæг,сты хæдзары. Хабар афтæ тагъд æмæ æнæнхъæлæджы уыдис, æмæ немыцæгтæ æддæг- мидæг ауадысты. Дзассохы фырты ротæйы хæстонтæ æрцах- стой немыцаг майор æмæ обер-лейтенанты, афтæмæй сæ су- сæг документтимæ æрбахæццæ кодтой дивизийы штабмæ. 319«
| Дзассохы фырт дыккаг хатт фæцæф, Днепры цæугæдоны сæрты йе ’фсæддон хаимæ куы фæцæйхызтис, уæд. Уыцы тох* ты тыххæй уый’арæх æрымысы: «...Æхсæв уыдис уазал æмæ хъуынтъыз, дымдта тыхджын дымгæ, уарыд къæвда. Доны иннæ фарсмæ ма нæ хъуыдис •ссæдз метры бæрц, ленк кодтам доны улæнтыл взводгай. Æмæ дын. прожекторы рухсмæ куы бахауиккам. Нæ бæлæгъмæ хæс- тæг фехæлд бомбæ. Йе схъистæй мæ къах фæцæфис. Бауадзыг дæн. Мæхи æрæмбæрстон санбаты. Цалдæр боны фæстæ мæ яластой фæсчъылдыммæ. Хуыссыдтæн Краснодары госпиталы, уый фæстæ мæ куы «бацалцæджытæ» кодтой, уæд та ногæй амидæг дæи фронты раззаг хахмæ...» Госпиталы фæстæ Дзассохы фырт æрбаздæхтис йе ’фсæд- дои хаймæ æмæ хæцгæ фæцыдис Карпаты онг. • «Æмæ дын хæхтæ куы федтон, — дзуры Георги, — уæд уадидæгæн схъæлдзæг дæн. Мæ зæрдыл æрбалæууыд Ирыстон, маэ хъуыдытæ мæ ахастой мæ райгуырæн хъæумæ... Мæ ротæ- йы раз æрæвæрдæуыд бæрзæнд 137 сисыны хæс. Æртæ боны æмш æртæ æхсвы фæтох кодтам, æмæ байстам уыцы бæр- зæнды...» Георги та уæззау цæф фæци æмæ цалдæр мæйы бæрц хуыссыд румынаг горæт Сегедайы госпиталы. Куыддæр рынчындонæй æрбаздæхтæн сме ’фсæддон хаймæ, афтæ мын бахæс кодтой иттæг зын æмæ бæрнон хæс: мæ ро- тæимæ хъуамæ ахызтаин знаджы фæсчъылдыммæ æмæ къуы* -лымпы кодтаин фæстæмæлидзæг зиаджы. Уый та уыдис Ру- мыны з-æххыл. Ахызтыстæм фронты сæрты. Хæлдтам знаджы фæсчъыл- дымы хидтæ, пырх кодтам ныхмæлæууæджы эшелонтæ, сыгъ; там хæстон æрмæджыты æмæ хæлцадон æвтауцдæтты... Фæстаг хатт уæззау цæф фæци Дзассохы фырт Венæйы ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Æрдæг афæдзæй фылдæр фæхуыссыдис госпиталы Бадены горæты. Уый фæстæ æрæз- дæхтис йæ райгуырæн уæзæгмæ. У дыккаг къорды инвалид. Гвардийы раздæры лейтенант Дзассохты Хазбийы фырт Георгийы риуыл цæхæртæ калынц Сырх Стъалыйы æмæ Фы- дыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны ордентæ, стæй цалдæр майданы. «Æвзæр боныгъæд куы вæййы, уæд мæ хъыгдарын рай- .дайынц мæ цæфтæ, — фæдзуры Георги, — фæлæ кæмдæр мæ мид-зæрдæйы сæрыстыр вæййын зæххыл рæстагон хæст куы дыдис, æхсар æмæ лæгдзинады сæр куы хъуыд, нæ абон, нæ .фидæны сæрыл мæлæтдзаг тох куы цыд, уæд мæ туджы æр- тах дæр кæй баххуыс кодта фидæны фæлтæры сау рынæй ба- .хизыны уæлахизы тохты». ; , { Дзассохты Георги инвалид у, фæлæ ныр цалдæр азы æнæзæр- дæхудтæй кусы Цхинвалы «Электровибромашинæйы» заводы. ^
Ллиты Илья ДЗАНДОРЫ ХÆСТОН ФÆНДАГ у-’Ч! ИИВ^ННыдыбæстæйон хæсты раидианæй йæ фæудмæ фрои- гы хайад чи иста, лæгдзинад æмæ æхсардзинад чи равдыста, уыдонæй сæ иу у Дзассохты Дауыты фырт Дзандор. Уый рай- гуырдис 1916 азы Дзауы районы Тлийы хъæуы. Дыууæ азы йыл иыдис, афтæ йæ фыд амардис æмæ цыппар æнахъом са- бийæ сæ мады ’вджид баззадысты. Хæххон æвадат ран мæгуыр бинонтæ тухитæй æрвыстой сæ царды бонтæ. 1920 азы мень- шевикты хицауад хуссайраг ирон адæмы сыстын кодтой се нусон цæрæн бынæттæй. Лигъдæттимæ Цæгат Ирмæ алыгъ- дысты Дзандоры бинонтæ дæр. Цардысты Елхоты хъæуы. Ли- дзæг адæм, дард фæндагыл цæугæйæ, бирæ фыдæбæттæ бав- зæрстой, стонг æмæ бæгънæг уыдысты, æмæ сыл афтæмæй емынæ фæзындис. цагъды кодтой. Дзандорæн дæр йæ хистæр хо æмæ йæ кæстæр æфсымæр амардысты. Хуссар Ирыстоны Советон хицауад куы рывæрдтой, уæл æндæр лигъдæттимæ иумæ Дзандоры бинонтæ фæстæмæ рыз- дæхтысты сæ раигуырæн уæзæгмæ. Фæлæ кæм цардаиккой, уый\'нал уыд — сæ хæдзар сын меньшевиктæ басыгътой. Цæ- мæй хъуамæ дардтаид <йæ сабиты сидзæрты мад æмæ цард- агур алыгъд Къахетмæ. 1924 азы онг уым фесты се ’ввахс хæс- тæджытæм, стæй уырдыгæй фæстæмæ Тлимæ æрбаздæхты- 21* 321
сты. Дзандор райдиан скъола каст фæци сæхи хъæуы. 1932 азы Дзауы авдазои скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр ка»нынмæ ацыд Ленинградмæ Герцены номыл педагогон рабфакмæ. Кас1 æй фæцис 1936 азьь Уыцы фæззæг бацыд Æддагон базарады институтмæ. Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Дзандор хæцæп-. гарз йæ къухмæ райста æмæ дæрæн кæнын райдыдта немыцаг æлгъаг фашистты. Дзандор службæ кодта диверсион къорды. Немыцаг фашисттæ рæстæгмæ Леиинграды областы зып- гæ хай куы бацахстой, уæд Дзандориты диверсион къорды хæстонтæ дæлбулкъоп А. И. Ферапонтовы командæйы бып архайдтой знаджы фæсчъылдым. 1941 азы август æмæ сентя- бры хæстон операциты рæстæджы уыцы диверсион къорд Ле- нинграды областы æмæ Эстонийы зæххыл скуынæг кодта, бирæ хæцæнгæрзтæ чи ласта, зпаджы ахæм æртæ эшелоиы. басыгътой бензины скълæдтæ, стыр знæиттæ бакодтой æфсæн вæпдæггæн, хидтæн, фехæлдтой хицæп æмæ хицæн æфсæддон хæйтты æхсæн бастдзинæдтæ. Зынджы хай бакодтой, æфсæд- дон у-æзтæ чи ласта, бпрæ ахæм автомашинæтæ æмæ мотоцик- леттæ æд афицертæ, æд салдæттæ. Диверсион взводы командир уыд гвардийы старшинæ Дзассохты Дзандор. 1941 азы фæззæджы сæ полк Центры бар- дзырдмæ гæсгæ знаджы хъахъхъæдадон хаххыл ахызтысты æмæ баиу сты М. И. Калинины номыл 48 æхсæг дивизипы 301 æхсæг полчимæ. . 1941 азы ноябры ацы æхсæг полк хъахъхъæдта Ломоно- совы горæты бацæуæн фæндæгтæ. Боныцъæхæй знаг ’ размæ бырсын райдыдта æмæ бацахста хъæу Большие Иликийы. Полчы командир бардзырд радта автоматчикты ротæйæн, цæ- мæй немыцæгты скуынæг кæной. Нæ хæстонтæн карз тох ба- цайдагъи немыцаг оккупапттнмæ. Æмæ кæд знæгтæ фыл- дæр уыдысты, уæддæр иыхмæ лæууын сæ бон нæ баци. Со- ветон хъæбатыр хæстонтæ скуынæг кодтой 180 немыцаг сал- дат стмæ афпцеры. Дыууæ афицеры æмæ 17 салдаты та уаца- ры ракодтой. Уыдон ахсджпаг зонæнтæ радтой ныхмæлæууæ- джы æфсæдты тыххæй. Уыцы бон хъазуат хæсты йæхи æхсарджынæй равдыста Дзассохты Дзандор: йæхæдæг иунæгæй автоматæй скуынæг кодта æхсæз немыцаг салдаты. Цалдæр сахаты ахаста туг- калæп хæст. Дзандорæн фесты йæ нæмгуытæ, цæмæй хæцы- даид знаджы ныхмæ, уый нал уыдис æмæ къухæй хæст рай- дыдта. Афтæмæй ныххурх кодта иу немыцаг салдаты. 1942 аз. Декабрь. Уыд уазал райсом. Полчы командпр Дзандормæ фæсидтис æмæ загъта: 1 —«Æвзаг» нæ æхсызгонæй хъæуы, салдæттæйдæ зæрдæ кæ- уыл дарыс, уый демæ акæн. Æрмæст арæхстгай. Ахæм уыдис 322
командиры бардзырд. Уый зыдта, Дзандор æхсарджыл кæй у, йæ хазстон хæс сæххæсткæнынмæ — рæвдз. Иу æмæ йæ дыу- уæ хатты, мыййаг, нæ арвысга разведкæйы. Дзандор йæ хæстон æмбал Соловьевимæ иумæ развæд- сгарæг ацыдысты. Уыдис уазал райсом. Тымыгъ сыстад æмæ сæ развæндаг нал уыдтой. Бирæ цæуын сæ бахъуыдис — не- мыцæгтæ дард уыдысты... Боныфæстагмæ, бахъуызыдысты сындзджын телы онг. Немыцаг хъахъхъæнæг посты лæууыдис. Уый сæ нæ бафиппайдта. Дзандор йæ. гуыбыны цъарыл абы- рыдис, фæстæты бацыд хъахъхъæнæгмæ æмæ автоматы хъæ- дæй пыццавтазнаджы къæбут, фашист мнтыл адæлгом, хъыпп- сыпп дæр нал скодта. Советон хъæбатыр хæстонтæ цырд ар хайдтой: уайтагъд знаджы пулеметон тæпп скуынæг кодтой. «Æвзаг» семæ ракодтой æд пулемет. 1943 азы январы Дзандоры арвыстой Мæскуымæ ахуыр кæпыпмæ Æфсæддон парашютои-десантон ахуыргæнæндон- мæ. Уым дæр йæхи хорз равдыста, кады фæйнæгмæ йæ ба- хаеюй, хорз кæй ахуыр кодта æмæ æгъдауджын кæй уыдис, уый тыххæй. Фондз мæйы фæцп ахуыргæнæндоиы, стæй йæ комкоммæ фронтмæ арвыстой. Службæ кодта 104 гвардиои дивизийы 328 гвардион парашютон-десантон ’ полчы. Дзандор хайад иста Румыны зæхх немыцаг тыхæйисджы- тæй ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Яссы, Плоешти æмæ би- рæ æндæр горæттæ сæрибаргонд кæй æрцыдысты, уый тыххæп Дзандормæ бирæ ис бузныгдзинады арфæйы гæххæттытæ. Дзандор ма уыдис Австрийы, Венгрийы æмæ Чехословакийы дазр, куыд салдат æмæ сæрибаргæнæг, афтæ. Уый федта йæхи цæстæй, уыцы бæстæты адæмтæ цахæм æфхæрд баййæфтой немыцаг-фашистон оккупацийы рæстæджы, уый. Æмæ ныр Со- ветон æфсæдтæ куы фæсырдтой немыцæгты уыцы зæххытæй. уæд австриæгтæ, венгриæгтæ, чехтæ, словактæ æмæ æндæр адæмтæ сæ сæрибаргæнджыты размæ цины цæссыг калгæ цы- дысты, пъатæ æмæ сын хъæбыстæ кодтой. Фæлæ уыцы сæрибаргæнæг тохтæ Советон æфсæдты къух- ты æнцонæй нæ бафтыдысты. Немыцаг тыххæйисджытæ бирæ хæстон фидæрттæ сарæзтой уыцы бæстæты. Дзандор уæлдай тынгдæр басгуыхти Венгрийы зæххыл» горæт Папайы сæрыл тохты. Уый та уыдис афтæ: Дзандор цы батальоны уыд, уый хъуамæ размæ бырсын райдыдтаид, фæ- лæ сæ знæгтæ танкæтæй æхстой æмæ сын размæ цæуæн нæ уыдис. Полчы командир Дзандорæн бардзырд радта, цæмæй скуынæг кæна знаджы танк. Дзандоры взводы хæстонтæ зна- джы танкмæ чъылдымырдыгæй бацыдысты, йæ бынмæ йын гранаттæ баппæрстой æмæ тан’к ссыгъдис, куынæг æрцЫд йæ экипаж дæр. Батальон размæ абырста. Æхсар æмæ арæхстдзинад кæй равдыста, иæ Хæстон Хæс’ 323
аевæстнатæй кæй сæххæст кодта, уый тыххæй Дзассохты Дзан* дор хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæп. Бирæ сгуыхтдзинæдтæ равдыста Дзандор æфсымæрон Че- хословакийы зæххыл дæр: Не ’фсæддон хай хъуамæ бацах- стаид горæт Табор. Немыцæгтæ сæхи æрфидар кодтой горæт- ма? бацæуæнты, пулеметæй æхстой махуæтты. Знаджы пуле- метон тæпны хъуыди куынæг кæнын. Æхсарджын ирон лæп- иу ракуырдта батальоиы командирæй, цæмæй нын бар радта уыцы хæс сæххæст кæнынæн. Командир сразы. Ныр дæр та Дзандор Воробьевимæ иумæ цæугæдоны ахызтысты æмæ дыу- уæ сахаты фæстæ зиаджы пулеметон тæпп скуынæг кодтой, стæп батальон хайад райста Таборы горæт ссæрибар кæныныл тохты Уыцы тохты йæ хæстон хæс арæхстджынæй кæй сæххæсг кодта «тмæ æхсардзинад кæй равдыста, уый тыххæй Дзассох- ты Дзандоры схорзæхджын кодтой Хъæбатырдзинады тыххæй мяйданæй. Дзандорæн пæ хæстон фæндаг райдыдта Ленинградæй. Хайад пста Австри, Венгри, Чехословаки æмæ Румины зæххы- тæ немыцаг тыххæйпсджытæй ссæрибар кæнынысæрыл тохты. Будапешт, Бухарест, Венæ, Прагæ æмæ бирæ æндæр горæттæ сисыны активон хайад кæй райста, уый тыххæй хорзæхджып æрцыд майдантæй, райста бузныгдзинæдтæ. Уымæп уæлдай ма хорзæхджын æрцыд фондз æндæр май- данæй. Дзандор фæсхæст æрзыдæхтис Ирыстонмæ, куыста ДОСААФы хаххыл. Куыд парашютист-инструктор, афтæ 1953 азы бацæттæ кодта цалдæр адæймаджы парашютон хъуыдда- джы, æмæ йæ уып тыххæй схорзæхджын кодтой ДОСААФ-ы хах- хыл «Активон куысты тыххæй» риуылдарæн значокæй, фæстæ- дæр та,ДОСААФ-ы организацийы активон хайад кæй иста, æмæ йæ куысты пълантæ иттæг хорз кæй æххæст кодта, уый тыххæн йын лæвæрд æрцыд грамотæ. Дзандормæ бирæ хорз миниуджытæ ис, нæ рох кæны йæ :хæстон æмбæлтты, арæх оæм фыссы фыстæджытæ. бирæгыл* .дзы фембæлы æмæ кæрæдзийыл фæцин кæнынц. Йæ уарзон командир, дæлбулкъон Ферапонтов — хæсты инвалид—цæры Леиинграды. Кæрæдзимæ арæх фыссынц фыстæджытæ. Кæрæ- .дзи фæфæрсынц сæ царды хабæрттæй, чи сæ цы куыст кæны, уыдæттæй. «Мæ хæххон цæргæс», — афтæ хуыдта дæлбул- лсъон Дзандоры. Куыд бирæ йæ уарзта! Куыд тынг ыл æу-, уæндыди! Æмæ йæ Дзандор даер уымæн .нæ рох кæны. Дзандор йæ тæккæ тыхыл ис. Раздæрау у уæнгрог, хъæлдз^æг, куыстуарзаг. Кусы Цхинвалы æртыккаг астæуккаг скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Уымæй уæлдай ма скъоладзаутæн амоны æфоæддон хъуыддаг дæр. Ахуыр сæ кæны коммунибтои зондахастыл, патриотизмыл.
Пухаты Алыксандр, Гаглойты Владымир ХÆХХОН ЦÆРГÆС атæг-сау, уæззау, хуылыдз мигътæ ныффæлдæх- тысты зæххыл æмæ æхсæвы цæст саугуырм баци. Кæмдæр арвы тар гуыбыны хатгæй-хатт сфардæг вæййы ракетæ æмæ зына-нæзына барухс вæййынц мигъты рæдзæгъдтæ. Мигъты сæрты, æгæрон арвы тыгъдады тæхы хæдтæхæг. Уæлийæ, сæгъы цæстау, ирд, цыма къонайы цæхæр арвы къу- сæгыл иыппырх, уыйау цæхæртæ калынц стъалытæ. Бынæн та сатæг-сау мигътæ мæстыгæр фырытæ фестадысты, сæрæй гуымс кæнынц кæра>дзи æмæ сæ цæхæртæ судзгæ фæттæ фе- стынц. Хатт фæцуды хæдтæхæг æмæ, мæстыгæр мигъты æх- са.41 бахауынæй тæрсгæйæ, йæ фæндаг дыууæрдаш ивы. Тæссаг у ахæм тары тæрккъæвдайы рæстæджы. Ахæм фæндаг,. уæлдайдæр та æхсæвыгон, мæлæтмæйы фæндаг у. Фæлæ æндæр гæнæн нæй. Бардзырд афтæ у. Бардзырд та æнæмæнг сыххæст кæнын хъæуы, уымæн æмæ уыцы бардзыр- дыл баст у мингай адæймæгты фервæзыны хъысмæт. Советон æфса\ддон хæйтты фæуæлахизы хъуыддаг. 32>
Æмæ фæхæссы уыцы бардзырд Дзæгъиаты Алекси й^ хæдтæхæгыл. Бардзырд та йын авиацийы инæлар (ныртæккæ авиацийы маршал, Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр) Новиков оæрмагондæй Дзæгъиайы фыртæн бахæс кодта, цæ- мæй фропты Сæйрагкомандæкæнынадæн фехъусын кæна, раз- мæ абырсынмæ авиаци цæттæ кæй у, уый. Бирæ æвзыгъд æмæ хъæбатыр цæргæстæ ис се ’фсæддон хайы. Фæлæ ахсджиаг бардзырд уымæн бахæсчынди. Æниу инæлар æиæхъуаджы нæ баууæндыди Алексийыл. Фæлтæрд æмæ арæхстджын æхсæвыгон тæхæг. Цыфæнды зын уавæрты дæр раст æмæ æнæмæнгхъæуæг ориентаци чи исы, нырма фæстæмæ æнæ бардзырд сыххæстгæнгæ чи никуы æрбаздæх- тис, ахæмæй зоны инæлар Дэæгъиайы фырты. Æмæ та фæхæссы ахсджиаг бардзырд ацы æвирхъау тар æхсæвы, зоны Алекси, зын æмæ тæссаг у æхсæвы фæндаг. Фæлæ рухсмæ, цардмæ, уæлахизмæ фæндаг ацы æхсæвы тар гуыбыныл цæуы. Райсом куы ’рбарухс уа, уæд æгас фронтыл ныннæрдзысты сармадзаны гæрæхтæ, уæлдæфмæ, хæххон цæр- гæстау, стæхдзысты сæдæгай хæдтæхджытæ, се ’мбæхст ранæн аггуырсдзысты згъæр уæйгуытæ, не ’фсæдтæ абырсдзысты раз- мæ æмæ сар фæуыдзæн фыдызнаджы къона. Тох та æвирхъау уыдзæи, чи зоны, бирæ цæрынхъуаг удтæ бабыной, чи зоны,зæ\- хыл туджы зæй анхъæвза, фæлæ æндæр гæнæн нæй. Уæлахиз æнæтугкалд къухы не ’фты, фæндаг <æм ууылты у. Арв нæры. Раст цыма нарт æмæ хуыцæуттæ Хызы быды- ры фæбыцæу сты, афтæ зæхх æмæ арв кæрæдзиуыл ныздухынц сырх-сырхид æхспдæвтæ. Бахауд хæдтæхæг дыууæ ныхмæлæууæджы æхсæн, хатт зыигбырынкъ фæттæ йæ иу фæрсты суайынц. Фæлæ къæрц- хъус æмæ арæхстджын у Алекси, знæт мигътæ кæм фæхиæ- бысæй-хъæбысмæ вæййынц, уырдæмты æввахс пæ цæуы, иу- вæрсты азилы йæ хæдтæхæджы. Æвæццæгæн лæгæй-лæгмæ, фыдгул знаджимæ фембæлга^- йæ, æнцондæр æмæ уæндондæр уыдаид, фæлæ ацы тар æх- сæв æрдзы æвирхъау тыхты ныхмæ хæцын зындæр æмæ уæз- заудæр хъуыддаг у. Цæмæйзон, кæм æмæ куыдæй скуысси уы- дзыиæ кæрæдзиимæ мæлæтдзаг тохрасидæг мигъты къуыбыло- пы æмæ даэ арв кæцы фарсырдыгæй ныггæрах кæндзæн. Уыцы æхсæв фыццаг хатт банкъардта тас, знагæй нæ, нæ дæр мæлæтæй, мыййаг хæдтæхæджы арв куы пыццæва æмæ бардзырд йæ нысаныл куы нæ сымбæла. Фæлæ мæнæ иу рæстæджы, дыма сау мнгътæ быцæу то- хы^бафæлладысты æмæ сæ цæстыты цæхæртæ æрнымæг сты, уыйау фæсабырдæр сты. Алекси ахызт тæссаг бынатæй. Чьг сыл йе муд ’æрцыд. Хæдтæхæджы кабинæйыл тымбылæджы циферблатмæ гæсгæ зоны, бирæ йæ нал хъæуы, рæхджы ахиз- дзæн быдыры сæрты, уым хъæды дзыхы арф ныккæнды фрон- 326
ты Сæйрагкомандæгæиæджы штаб. Зоны йæ, уыди ма йæм æндæрæбон дæр. Фæлæ уæд къæвда нæ уыд, æнцон уыд хæд- тæхæд<кы æрбадын кæнын пад фæндагыл. Ныр слæхъир фæн- даг, чысыл мисхалы бæрц дæр фæрæдыдтæ, — хæдтæхæг ба- ирвæздзæн тар хъæдмæ, ,æмæ уæд дæ балгъитæг дæр афтæ. Æхсæвы дыууадæс сахатæй раджы ахызт. Бынæ,й зæхх сабыр у. Кæмдæрты ферттив-ферттив кæнынц рухсытæ, дæлæ, гъе, бынæй æмбæхст цъæх-цъæхид рухсытæ. Нысан æм дæт- тыпц. Уый цæмæй • йæ хæдтæхæг æрбадын кæна. Æмæ æрбадын кодта ацы хатт дæр йе ’ндонбазыр уарийы, афбахаста бардзырд æмæ та райсом бон дзир-дзур кодта, аф- тæ сыстади зæххæй. Уæдмæ телефоны телтыл фæйнæрдæм азгъорста бардзырд æгас фронты алы кæрæтгыл. Бардзырд удыгас тых фестад ггмæ растын кодта Советон Æфсады хæйтты уæлахизы хъа- зуатмæ. Уыцы æхсæвы хъæбатырдзинады тыххæй æфсæддоп ко- мандæкæнынад Дзæгъиаты Алексийы схорзæхджыи кодта Сырх Стъалыйы орденæй. Иу æмæ дыууæ хатты нæ басгуыхт Дзæгъиаты Алекси Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдыры, иу æмæ дыууæ хатты нæ райста æхсар æмæ лæгдзинады хорзæхтæ, бузныджы ар- фæтæ. Æниу Алекси хорзæхтæ æмæ йын исчи бузиыгдзинад загъ- таид, уый тыххæй мыййаг не ’рывæрдта йæ риу мæлæты ных- мæ. Нæ, Алексийы æндæр, стырдæр æмæ бæрзонддæр хъуыд- даг аппæрста тохы гуылф’æнмæ. Уый та уыд йæ фыдыуæзæг æмæ пæ сæрибардзинадыл æнувыддзинад. Алекси хорз зыдта, цы у цагъарады дуг, æххормаг сидзæры цæстысыгтæ, нынйа- рæджы удхайраджы хъарæг. Хæрз чысылæй банкъардта йæ бæрзæйыл æлдары ехсы цæф, уазал (æмæ æххормагдзинад. Фæл«æ ралæууыд ног ра>- стæг, Советон хицауад æмæ Алекси фервæзтис йæ удхæрттæй. Гъе, уый тыххæй хъахъхъæны, цæсты гагуыйау, йæ сæрибар- дзинады, гъе, уый тыххæй дывæр кæны й-æ тых, йæ хъару ха?сты быдыры. Гуры районы райгуырд Алекси 1913 азы Мæсгуыты хъæ- уы, (Къошкъеби), зæгъгæ, уым. Сæхи хъæуы каст фæци, рай- днан скъола, стæй та Скърайы хъæуы 7 къласы ахуырдзинад райста 1930 азы. 1931 азы ацыд’ Сырх Æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта Гуры гуырдзиаг æхоæг 7 полчы. Фæстæдæр иæй аивтой Тбн- лисмæ, уыд бастдзинады батальоны. Каст фæци кæстæр коман- дирты къурсытæ. Уый фæстæ та йæ ногаей æрбарвыстой 7-а*м æхсæг гуырдзиаг полкмæ. Радтой йын бастдзипады старшинæ- йы чин. 1934 азы Дзæгъиаты Алекси ахуырмæ бацыд Фа^скавказы 327
фистæгæфсæддон ахуыргæнæндонмæ, æртæ азы фæстæ, хæс- тæр лейтенанты чин райсгæйæ, каст фæци æфсæддон ахуыргæ- нæндон æмæ та ногæй службæ кæнын райдыдта 7-æм æхсæг гуырдзиаг полчы. Фæстæдæр, 1938 азы, Дзæгъиаты Алексийы арвыстой Харь- ковы Æфсæддон округмæ, службæ кодта 189 дивизийы скон- ды ротæйы командиры хæдивæгæй. Уьшы аз, фæззæджы Алексийы арвыстой горæт Розенмæ. Ахуыр кодта Харьковы æфсæддон-авиациои ’ ахуыргæнæндоны. Каст æй фæци 1940 азы, æмæ йæ снысан кодтой хицæн эскадроны командиры хæ- дивæгæй. Суангдæр хæсты райдианмæ службæ кодта горæт Ленипаканы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг мæйты горæт Тбили- сы арæзтæуыд бастдзииады хицæн эскадрили. Уыцы эскадри- лийы сконды Алекси æрвыст æрцыд Керчы горæтмæ. Уым, Хъырымы зæххыл, Алекси фыццаг хатт сымбæлдис немыцаг тыхæйисджытыл хæсты быдыры. Алекси уыд æхоæ- выгон хæцæг авиацион хæйтты рæнхъыты. 1942 азы немыцаг фашистон абырджыты иыхм«æ æхоæвыгон тохты Алекси дæрæн кодга знаджы удыгас æмæ хæстон тыхтæ Керчы æмæ Ново- российскы горæттæм æрбацæуæнты. Æхсæвыгон, бомбæзгъа- лæг хæдтæхæгыл бадгæйæ, æнауæрдонæй бомбæтæ калдта не- мыцæгты штабтæ æмæ æфсæддон эшелонтыл. Дæрæн кодтой ныхмæлæууæджы аэродромтæ. Цыд разведкæйы, бæрæг кодта немыцæгты размæбырсты оæйраг здæхтытæ Тихорецкæй Бе- лореченскы ’хсæн. Иу хатт, йæ хæс сæххæст кæныиы фæстæ, æрбацæйздæхт^ афтæмæй Армянскы хъæуы цурты бафиппайдта фыдызнаджы æфсæддои хæйтты æнæнымæц дзыгуыртæ. Æхсæвы немæ акод- та ноджы дæр æртæ бомбæзгъалæджы æмæ æхоæвыгон тохьг ныддæрæн кодтой фашистон æфсæдты. 1943 азы Дзæгъиаты Алекси нысан æрцыд уæлдæфон баст- дзинады эскадрилийы командиры хæдивæгæй. Уыцы эскадри- лн та архайдта 5 уæлдæфон армийы сконды. Дзæгъиаты Алекси хайад иста Курскы къæлæтæджы тох-- ты, æвирхъау тохтæ самадта Яссæ-Кишиневы здæхты. Советон æфсæдтæ арæнтæй куы ахызтысты æмæ Венгри- йы зæххыл тохтæ куы сцырын сты, уæд немыцаг æфсæдть: стыр къорд бахауд æрхъулайы. Дзæгъиаты Алекси йе ’фсæд- дон-уæлдæфон хæйттимæ иумæ активон хайад иста, знæгтæ æрхъулайы кæм бахаудтой, "æмæ, дæрæн кæм æрцыдысты, уыцьг тохты. Фыдыбæстæйон хæсты Дзæгъиаты Алекси йæ хъæбатыр- дзинады тыххæй Воронежы горæты сæрыл тохты дыккаг хатт хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй, 1943 азы Днепры цæугæдоны сæрты не ’фсæддон хæйттæн æдас ахи- зæнтæ кæй сифгонг кодта, уый тыххæй йæ нæ командæк<æны- 328
над схорзæхджын кодта Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг къæп- хæны орденæй. 1944 азы Дзæгъиаты Алекси райста æртыккаг хатт Сырх Стъалыйы орден. 1 Знаджы фæсчъылдымы архайæг советон партизанты хæ- цæнгæрзтæ æмæ хæлцадон продукттæй кæй фæлындзыдта, уый тыххæй хорзæхджын у Хæстон сгуыхтдзинæдты гыххæн май- данæй. Афтæмæй Стыр Фыдыбæот’æйон хæсты Дзæгъиаты Алек- сп хорзæхджын æрцыд 4 хæстон орден æмæ 6 майданæн. Уæззау æмæ æвирхъау уыдысты Дзæгъиаты Алексийы æфсымæртæ Григол æмæ Владимнры тохтæ дæр. Хиотæр æф- сымæр Григол 1941 азы уæззау цæф фæци, сдзæбæх æмæ п ногæй ацыд хæцæг æфсады рæнхъытæм, хæцыд 3-аг Украинй»- йы фронты, уæлахизæй æрыздæхтис йæ фыдыуæзæгмæ, фæл# кæстæр æфсымæр Владимир хъæбатырæп мард фæци 1943 азы Ленинграды цур æвирхъау тохты. Дзæгъиаты Алекси Советон Æфсады рæнхъытæй æрыздæх- тпс 1945 азы кæрон. Куыота Гуры горæххæсткомы хыгæджы горæты фæлындзынады тресты директорæй. Ныртæккæ та кусы уьшы тресты гараджы сæргълæууæгæй. Афтæ фæци йæ тохы фæндаг хъæбатыр хæстон. Р1æ хæд- тæхæджы базыртыл æрхаста Дзæгьиайы . фырт йæ фыдыуæ- зæгл^æ фарн æмæ уæлахиз. ^
Мамсыраты Мурат ÆМГÆРТТЫ ТУГИСÆГ Л мгæрттæ, æрдхæрдтæ уыдысты фариыхъæуккаг æртæ лæппуйы Дзуццаты Евген, Дзæхаты Рамазан æмæ Уртаты Ми- ыæ. Мумæ ахуыр кодтой скъолайы, уый фæстæ ерысæй куыстой чолхозы, сæ афон куы ’рхæццæ, уæд та æфсадмæ ацыдысты. Уый уыдис 1939 азы. 1969 азы июны фæстаг бонты та Урта- ты Мишæ райста писмо. Пнсмойы фыст уыдис: «Ацы аз июлы фæндзæм боны æххæст кæны 25 азы, Бело- русси немыцаг-фашисттæй уæгъдгонд куы æрцыд, ууыл. Нæ республикæйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ пæ бæрæгбонмæ хонæм, мах зæххыл знаджимæ уæлдай хъæбатыр тох чи кодта, уыдоны. Сараздзыстæм стыр æмбырд, æппæты карздæр тохтæ кæм æрцыд, уыцы рæттæй иуы — Уздепы райопы, хъæу Колоди- нойы цур хъæды. Махæй рох иæу, ды Белоруссийы зæххыл цы хъæбатырдзи- над равдыста, уый. Республикæйы музейы уый тыххæй ис би- рæ æрмæг. Æмбарæм, ахæм дард балцы рауайын æнцои кæй иæу, уый, фæлæ хæсты азты фылдæр æмæ зындæр хъуыддæг- •тæн бафæрæзтай æмæ, дæ хорзæхæй, ма фæзивæг кæп, æрцу нæ бæрæгбонмæ. фыдыбæстæпы Стыр хæсты историйы Белоруссийы паддза- ьадон музейы директор П. Ловецкнй». -330
Æцæгдæр æицоп нæу æиæнхъæлæджы Беслæнæй Миискмæ абалц кæнын. Фæлæ адæймаджы, тохы фæрсæй-фæрсмæ кæимæ лæууыд, уыцы хæстон æмбæлтты, йæ кæддæры хæтæнтæ феньш дæр куыд нæ фæпды. ...Колодипойы цур рæсугъд æрдузы уыдис митинг. Бæстæйы ллы кæрæттæй йæм æрæмбырд сты кæддæры хæстонтæ. Æрæмы- сыдысты сæ иумæйаг тохы боптæ. Мишæйæн дæр йæ цæстытыл ауадысты, хæсты тымыгъ æй цы фæндæгтыл фæхаста, уыдон, йæ :;ьшгхуыст æмбæлттæ. Евген, Рамазан æмæ Мишæйы бирæ нал хъуыд службæ кæнын. Тагъд хъуамæ сыздæхтаиккой сæ райгуырæп Фарны- хъæумæ. Фæлæ иу хатт бон цъæхтæ кодта, афтæ æвиппайды бæстæ арвистон фестад — хæст райдыдта. Фыццаг тохы дæр уæд бацыдысы æртæ æрдхорды цæугæдон Наревы былгæроны. Дыккаг бон та Евген æмæ Рамазап фæмард сты. Мишæ ард бахордта, сæ туг сын кæй райсдзæн, ууыл, æмæ раст уыцы бон къорд знаджы йæхи къухæй мæрдтæм барвыста. Фæлæ æгæр бирæ тыхтæ уыд лæбурæгмæ. Сæдæгай танктæ ;;æгæрстой не ’фсæддонтæм. Бирæтæ дзы-иу хæрдмæ фæтах- тысты, пиллон суагътой, фæлæ сын цыма кæроп пæ уыд, уыйау та-иу сæ фæстæйæ æндæртæ æрбазынд æмæ не ’фсæдтæ бар- æнæбары фæстæмæ цыдысты, карз тох кæпгæйæ. Мпшæ цы дивизийы службæ кодта, ууыл Минскы знаг æрхъула кодта. Цалдæр суткæйы дæргъы дивизи тугкалæн ,тох фæкодта, фæлæ уæдмæ йæ рæнхъытæ скуыиæг сты. Мишæ цы 1±зводæн комапдæ кодта (40 адæймаджы), уымæй ма баззад æдæппæт æртæ адæймаджы. Нал уыд гилдзытæ, хойраг. Æгас ма цы стæм хæстонтæ баззад дивизийæ, уыдон чысыл къорд- тæй раирвæзтысты зпаджы цæгæй æмæ хъæдтæм фæлыгъ- дысты. 1942-æм азы Уæлдæр Сæйрагкомапдæгæнæг И. В. Сталпны бардзырдмæ гæсгæ партизантæй тæхджытæ, танкисттæ, сар- мадзаиæйæхсджыта? чи уыди, уыдон хъуамæ рацыдаиккой знаджы чъылдымæй нйохирдæм. Мишæ цы къорды уыдис, .у.ы- мæй ахæмтæ равзæрд 103 адæймаджы. Араст сты пæхирдæм. Фронтыл хъуамæ рахызтаиккой æхсæвы. Уалынмæ сын раз- ведкæ фехъусын кодта,. Витебскы цур хъæу Городищемæ, дам, 200 немыцаджы æрбацыдысты æмæ хъæуы фæсивæды Гер- манмæ аласынмæ хъавынц. Партизатйс дыууаэ дихы фесты æмæ хъæумæ фæйнæрды- гæй бахъуызадысты. Немыц рындзыл æрæвæрдтой цалдæр пулеметы. Мищæ сæм йæ фаздзармыл бабырыд æмæ сыл дыууæ гранаты бап- пæрста. Уый хæдфæстæ партизантæ æргом бабырстой. Немы- пæн æрмæст фæсивæды иæ, фæлæ сæхи сæртæ аласын дæр сæ бон нал баци, иууылдæр сæ пыццагътой, стæй уæд дарддæр сæ фæндаг дардтой партизаптæ. 331
...Нæхирдыгæй бирæ рæстæг пæ фæци Мишæ. Уацайрæг- тимæ, стæй знаг кæй бацахста, уыцы хъæуты æмæ горæтты цæрджытимæ" бастдзииæдтæ куыд дарын хъæуы, ууыл æй са- хуыр кодтой, стæй йæ уæд ногæй знаджы чъылдыммæ арвыс- той, цас амал нс, уыйас фылдæр партизанты къордтæ аразы- ны хæсимæ. Уртайы фырт йе ’мбæлттимæ цыбыр рæстæгмæ Червины районы сарæзта партизаиты цалдæр къорды. Уыдонæй 43-æм азы сæвзæрд, 2500 адæймаджы кæм уыднс, ахæм бригад. Бри- гад бастдзинад дардта Мæскуыимæ, уырдыгæй йын лæвæрд цыд бардзырдтæ дæр. Бригады командæкæнынадæн 1943 азьт райдианы Мæс- куыйæ фехъусып кодтой, зæгъгæ, дам, а-дыууæ боны Минскыл Германмæ сæ фæллад суадзыимæ фæцæйцæудзысты, Сталин- грады хæстыты чп «фесгуыхт», ахæм немыцаг афицертæ æмæ инæлæрттæ, æнæхъæн эшелон. Хъуамæ уыцы «хъæбатыртæн» Гптлер йæхæдæг радтаид кресттæ. Фæлæ сып хъæдын кресг- тæ бахъуыд: партизантæ эшелон срæмыгътой æмæ немыцæй и,у дæр иал аирвæзт. Минскæн Могилевы æхсæн цæугæдон Свислочыл уыдис хид. Ууылты зпаг ласта бирæ хæцæнгарз, хæстон техникæ, æфсæдтæ. Суапг йæ алыварс, дард рæтты дæр немыцаг хъахъ- хъæнджытæ цæгтæй лæууыдысты æмæ хидмæ бабырсынæй шщы рауаданд. Срæмудзын та йæ æнæмæнг хъуыдис. Уыцы хæс йæхимæ райста Уртайы фырт. — Кæддæр иæхимæ, харбызтæ давгæйæ, гæдыйау æнæ- сыбырттæй хъуызыдтæи, — хъазгæйæ загъта Мпшæ команди- рæн æмæ бар ракуырдта, нæхи кæй фæпды, ахæм æмбæлттæ равзарынæн. Сразы командир. 1943 азы фæндзæм февралы Уртайы фырт цыппар æмбалимæ, сæ уæлæ урс дарæс скодтой, афтæ- мæй æхсæвы хидмæ бахъуызыдысты æмæ йæ срæмыгътон. 1944 азы советон æфсæдтæ æрбахæццæ сты Белоруссимæ. Партизанты бригад уыдонимæ баиу æмæ дарддæр сырдта знаджы. Вепæйы онг фæсырдта фашистты Уртаты Мишæ дæр. Райста йе ’рдхæрдты, милуангай советоп адæмты туг, афтæ- мæй 1946 азы раздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Иæ риуыл тæмæнтæ калдтой хъæбатырдзинады нысæнттæ — Хæстон Сырх Тырысайы орден, Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг къæпхæ- пы орден, фыццаг къæпхæны ’майдан «Фыдыбæстæйы Хæсты партизан», майдан «Уæлахизы тыххæй» æмæ æндæр хæрзиу- джытæ. Уртаиы фырты къамтæ æмæ йæ хъæбатырдзииадыл дзу- рæг гæххæттытæ ис Белоруссййы æмæ Цæгат Ирыстоны гес- нубликон музейты дæр
Моп-сыраты Мурат НÆЛГОИМАГ ДÆР ФÆКÆУЫ. Ш’ЪПг ’лъчтг-.чтт [емыцæгтæй мах æфсæддонты æхсæн цы зæхх баз- зад, уым уыдис знаджы хæлд танк. Мит ыл ныууарыд, хъуыды дæр æй ничи кодта, уымæн æмæ дзы ницыуал тас уыдис. Фæлæ фæстаг бонты кæйдæр рæстдзæвин æхстытæй махоитæй цалдæр фæмард, æмæ уæд снайпер Шурæ Ивапова фæгуырыс- хо, кæд немыцаг сиайпер уыцы хæлд танкæй æхсы, зæгъгæ. Иæ хъуыды загъта командирæн. Уый дзуапп радта: —Нæ мæ уырпы, ацы уазалы адæймаг хæлд танчы бада суткæгай, уый. — Суткæгай нæ баддзæн, — загъта Шурæ, — фæлæ, æвæццæгæн, боны цъæхтыл бахизы танкмæ, изæры та, талын- джы, фæстæмæ ацæуы. — Гъемæ йæ сбæлвырд кæи, Шурæ. Чызг. чучело сарæзта æмæ йæ акъоппæн сдардта. Минут дæр нæма рацыд, афтæ чучелойы згъæр худ фæхуынкъ... — Мæ бар ма йæ бакæнут, — ракуырдта командирæй кæстæр лейтенант Дзгойты Георги. — Удыгасæй йæ æрбакæнын хъæуы, замманайы «æвзаг» куы у. 333
«Æвзаг». Ныр дæргъвæтин рæстæг къухы не ’фтыд удæгас пемыцаг. Хъæугæ та тынг кодта. Командир хорз зыдта æрыгои афицеры хъæбатырдзинад. Фæлæ акъоппæй сæр сдарæп куы нæ ис (немыцæй пæхионты æхсæн уыдис мптæй æмбæрзт тыгъд быдыр, иу къуыпп, иу дзыхъхъ дзы иикуы уыдис), уæд куыд бацæудзынæ танкмæ, куыд ракæндзынæ удæгасæй немыцаг снанперы? Бон цъæхтæ кæпын куы байдыдта, уæд æртæ ’мбалы таик- мæ бахызтысты æмæ сфæнд кодтой дыккаг æхсæвмæ ам баз- зайын. Хуыссæг сæ ахсы, къуымты сæхи æруагътой. Дæс — фыпддæс минуты рацыдаид, афтæ люкы хъæр ссыд, байгом. Мæиæ дзы чидæр æрхизы. Цармыи цырыхъхъытæ йыл, кæрц, Люк йæ фæдыл æрæхгæдта æмæ йып уыцы минут дзыппы дар- гæ цырагъы рухс йæ цæстытæ ныццавта. Немыцаг соитæп цы, дæртæ сдыгъал-дыгъул кодта, топп нфтыпдзынмæ фæци, фæлæ æваст бæрзæйыл тыхджын цæф ауад. — Æнаккаг чи у, уый. Уазджытæ дæм æрбацыд, цпп иыл хъуамæ бакæнай, ды та... Уый чердыгоп æгъдау у? — уайдзæфгæнæгау загъта Георгн, æмæ æртæ ’мбалы пыххудтысты. Уацайраг разынд ефрейтор, пемыцы хуыздæр смайпертæй иу. Бон изæрмæ йæ радыгай хъахъхъæдтой, афтæмæй танчы фæбадтысты, куы ’рталыпг, уæд та йæ семæ ракодтой. Æфса- ды штабы ефрейтор радзырдта, немыц , ныббырсыимæ кæй цæттæ кæпынц, ног тыхтæм кæй æпхъæлмæ кæсынц, æмæ уый 1ыххæй кач°1 ныхъхъус сты цалдæр боны ,дæргъы. Уыцы ха- Оæрттæ спайпер фехъуыста йæ хæстæг афицерæй, салдæттæп сæ нæма хъæр кодтой. ...Хæстон фæпдæгтыл фембæлдысты дыууæ æмбæстаджы Дзгойты Георги æмæ Гуцъунаты Федор, иу æфсæддон хайы службæ кæнгæйæ, иумæ дæрæп кодтой зпаджы. Чысыл сьш фæлладуадзæн рæстæг фæци, уæд та-иу æрымысыдысты сæ уарзон Ирыстон, сæ урссæр хæхтæ, Терчы улæпты сыбар- сыбур. ...Немыц лыгъдысты. Фæлæ сæ къухы кæм æфтыд, уым-пу фæфидар сты. Иуахæмы та Мипскæй чысыл фалдæр хъæды. æрфидар сты. Георги цы æфсæддон хайы уыдис, уый æртæ фæлтæрæны скодта знаджы йæ бынатæй сыстын кæныныл, фæлæ дзы пицы рауад. Куыддæр-иу пе ’фсæддонтæ хъæдмæ хæстæг бацыдысты, афтæ, цыма алы бæлас, алы къутæр дæр’ æхсгæ кодта, уыйау сыл-иу нæмгуыты зæй рацыд. Дарддæры комкоммæ бырстæй ницы пайда ис, уый бам-' бæрста командпр. Æндæр исты æрхъуыды кæныи хъуыд. ’ Æмæ изæры кæстæр лейтенант Дзгойты Георгимæ фæдзырд- та. Бахæс ыи кодта знаджы фидæрттæ сбæрæг кæнын. Йæхæдæг кæй равзæрста, ахаэм дæс æмбалимæ фæсæмбис- æхсæв араст Георги. Иу æртæ сахаты фæстæ бахæццæ сты, Х7:>æдрæбыны чн лæууыд, ахæм чысыл хъæумæ. Къорды хистæр 334
пе ’мбæлттæп бардзырд радта, бамбæхсут æмæ мæм афтæмæй уæ цæст дарут, зæгъгæ, йæхæдæг йæ фаздзармыл абырыд кæ- ройпаг хæдзарырдæм. Рудзынг бахоста, дамбаца цæттæнæ даргæйæ, иуфарс алæууыд. Талынг рудзыигæй ракаст зæронд лæг æмæ фæрсы: — Чи дæ? — Хпон, нæ фыды хай. — Ма тæрс, уæдæ ам немыц пæй. Дзгойы фырт мидæмæ бахызт. Зæропд лæг ын бачлвырд бацамыдта, иемыц кæм æрфидæрттæ кодтоп, уый. Фæлæ, да\т, тынг бирæ сты, семæ ис дыууæ стыр хицауы. ...Хъæдмæ куы баздæхтысты стражниктæ, уæд Скæсачш- ’рдыгай арв рухс кæпын байдыдта. Георги йæ къорды фæдих- тæ кодта. Æфсæддоитæй цыппары галиуырдæм арвыста, цып- пары рахизырдæм, йæхæдæг та дыууæ æмбалпмæ комкоммæ ацыд. Хъуызгæйæ цæуынц æнæссыбырттæп. Хатгап æрлæууынп, сæ алфæмблæйттæм айхъусыпц. Фыиддæс минуты рацыдаид, афтæ, галиу къорд кæдæм яцыд, уырдыгæй æрбайхъуыст автоматты къæр-къæр, пемыцы сопт дыгъал-дыгъул. — Ссардтой сæ! Мæ фæдыл! — сдзырдта афицер æмæ аз- гъордта. Раст уыцы минут йæ тæккæ размæ, зæххы бынæй схизæгау, фегуырд бæрзондгомау иемыцаг æмæ дамбацайæ æрбахста. Нæмыг Георгийы уæхск чысыл ахафта. Фæлæ Дзгойы фырт размæ уыцы иу гæпп бакодта, пемыцаджы сæр дамбацайы хъæдæй æрцавта æмæ йæ фæуадзыг кодта. Йæ дыууæ æмбалы та уæдмæ амардтой, къухæй æхсгæ пулеметты цур цы дыууæ хъахъхъæнæджы хуыссыд, уыдопы. Куыд рабæрæг, афтæмæй знаджы а>фсæддонтæ æмбæхс- тысты ныккæндты (земляпкæты). Хъахъхъæпджытæ дæр, æвæццæгæн, боиы цъæхтыл æрбацæуын æпхъæл никæмæиуал уыдысты ’æмæ æрфынæй сты. Ныр немыцæгтæ хуыссæгхъæл- дзæгæй зæххы бынæй хæрдмæ куыд гæпп кодтой, афтæ сæ махонтæ сæхи хæцæпгæрзтæй цагътой. Дæс минутæй фылдæр нæ ахаста боныцъæхтыл тох. Геор- гийы къорд уыцы цыбыр рæстæджы пыццагъта сæдæ лемыца- гæй фылдæр. Иу уыи бæрц та, алидзын кæмæн пæ баптыст, ахæмты, уацары ракодта. Семæ уыдис, пæ сæр дамбацайы хъæдæй кæмæн ныццавта, уый дæр. Разыпд немыцаг инæлар- лейтенант Вистенхаген. Чысыл фæстæдæр Геоогийы уыцы сгуыхтдзииады тыххæй дивизион газет «Боевой путь» фыста: «...Стдæсаздзыд афицер Дзгойты Георги фыццаг хатт пæ равдыста хъæбатырдзииад. Тæккæ вазыгджындæр æмæ тæссагдæр хъуыддæгтæ цæхæр- цæст хохаг лæппуйæн бабар кæнынц «æвзаг» самал кæнынæй, зиаджы чъылдыммæ сусæгæй бахъуызыпæй. Цыппар хатты лæгæй-лæгмæ тохы фæци уæззау цæфтæ. Фæлæ йæ хъæдгæмт- 335
тæ бынтон пæма байгас вæййынц, афтæ та тохы быдырмæ ра- цæуы. Æрæджы Дзгойы фырт дæс æмбалимæ ныццагъта 100 пемыцагæй фылдæр, 115 та уацары райста. Уыдонæй аст уы- ^ысты афицертæ, иу та — инæлар-лейтенант»... Уыцы газет ныртæккæ дæр ис Гуцъунаты Федормæ 1944-æм азы Георгийы аивтой æндæр æфсæддон хаймæ, сгарджыты сæрмагонд къордмæ. Уæдмæ йæ риуыл тæмæнтæ калдтой Сырх Тырысайы орден, Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæиы ордентæ, цалдæр майданы. Дыууæ æмбæстаджы фæхицæн сты кæрæдзийæ. Хæсты тæккæ фæстæ та Гуцъунаты Федорыл фембæлд, фæстагмæ Георгиимæ иу æфсæддон хайы чи службæ кодта, ахæм адæй- маг æмæ йын радзырдта: «Зиаджы чъылдыммæ бахъуызыдыстæм къордæй, фæлæ нæ немыц федтой æмæ ныл иыккалдтой. Цалдæрæй ма цæф- тæй раирвæзтыстæм. Георгийæн та йæ тæккæ цур минæ куыд •схæцыд æмæ йæ сыджыты бып куыд фæкодта, уый мæхæдæг федтон». Федорæн йæ зæрдæйы тугтæ иыккалдысты, ставд цæссы- гæй фæкуыдта йæ хъæбатыр хæстон æмбалыл. Гуцъунайы фырт сыздæхт Ирыстонмæ æмæ та, раздæрау, физикæйы ахуыргæнæгæй куыста Беслæны фыццæгæм скъола- ны. Арæх-иу æрæмысыд Георгийы æмæ йын йæ хъæбатырдзи- нады хабæрттæ скъоладзаутæн дзырдта. Иу бон ахуыргæнæг сывæллæтты акодта типографимæ’ экскурсийы. Цехы зилгæйæ, Федор фæкомкоммæ, машинæимæ чи архайдта, ахæм бæрзонд лæгмæ. Цыдæр зонгæхуыз æм фæкаст. — Бахатыр кæн, фæлæ, цыма, кæмдæр фембæлдыстæм, афтæ мæм кæсы, — сдзырдта ахуыргæнæг. Лæг ын куыддæр йæ ныхас айхъуыста, афтæ исдугмæ сагъдауæй аззад, стæй пыхъхъæр кодта: — Федя! Дыууæ лæджы кæрæдзиуыл ныттыхстысты. Скъоладзау^ тæ сæм цымыдисæй кæсынц. Æвæццæгæн, фыццаг хатт фед- той æмæ дис кодтой, нæлгоймаг дæр кæй фæкæуы, ууыл. Ахуыргæнæг сывæллæтты кæртмæ ракодта æмæ сын дзуры: — Хъуыды кæнут, не ’мбæстаг хъæбатыр Дзгойты Георгийы тыххæй уын цы хабæрттæ дзырдтон, уый? — Уæдæ æгас у I еоргп, мæнæ ис! — æмæ та ’дыууæ хæстон æмбалы кæрæдзи- уыл ныттыхстысты. ...Ныртæккæ Гуцъунайы фырту пенсиисæг, цæры Беслæны,. Георги та — Орджоникидзейы, кусы механикæй Цæгат Ирыс- тоны чингуыты типографийы. Арæх æмбæлынц дыууæ ’мбалы, æрæмысынц кæддазры бонтæ.
У\амсыраты Мурат ФЕДЫРЫ УЫНГ __[«ля (Федыр) йæ удыхъæдмæ гæсгæ, æвæццæгæп, сывæллон никуы уыдис, — зæгъынц дзы йе ’мгæрттæ, Иры- хъæуы иу сыхы кæимæ схъомыл, уыдои. — Йæ фыд Стъепан пын-иу арæх дзырдта, 1919-æм азы немыцы иыхмæ куы хæ- цыд, уыцы хабæрттæ. Сывæллæттæ уыдыстæм мах æмæ’ дæрдтыл нæ хъуыды к’одтам. Æрмæст нæ-^у зопыи фæндыд, иемыц цавæр адæм уыдысты, пулемет куыд % æхсы, махонты танк тыхджыпдæр у, æви немыцы, æмæ æндæр лыстæг хъуыд- дæгтæ. Филямæ та-иу æндæр фарстытæ уыд: Стъепап иемыцн- мæ цæмаЦ’хæцыд? Цы уыданд, немыц, махонтыл куы фæтых уыдаиккоу;' ’уæд? Адæм кæрæдзины цæмæн марыпц? ....Ныртæккæ дæр ма Хетæгкаты Дъостайы номыл уынджы лæу’уы Дзгрйты хæдзар. Чысыл ’фалдæр ис стыр дыргъдон. Бирæ, уарзта Филя ам иунæгæй бад’ын, чингуытæ кæсыи. Хат- гай-иу кæрдæгыл :уæлгоммæ æрхуыссыд, чипыг сæры бын акæнгæйæ, æмæ сахатгай сыфтæрты «сусæг пыхасмæ» хъуыс- та æнæфезмæлгæйæ. Кæиæ-иу бæлæсты цъуппыты æхсæн нъæх арвы скъуыддзаджы цæргæсы йæ базыртæ пыттындзгæ- 224» 33?
нæ куы федта, уæд-иу æй цух нал уагъта, йæ хъуыдытæ йэ^ цæргæсы фæдыл бæрзæндты кæдæмдæр хастой Чи зоны, уæд фæзынд æвзонг лæппуйы зæрдæйы тæхæг суæвыны фæнд. Фæлæ уал нырма астæуккаг скъолайь! ахуыр кодта æмæ йæ каст фæуын хъуыд. Стæй йæ æрмæст ахуыры мæт нæ уыд. Бинонтæ авд адæймаджы уыдысты: фыд, мад, Федыр йæхæдæг æмæ йæ цыппар хойы. Фыд хъæды куыста. Лæппу чысыл куыстхъом куы фæци.: уæд-иу æй, сæрды каникулты рæстæг, Стъепан йемæ акодта: уадз æмæ фæллойыл ахуыр кæна, стæй хæдзармæ дæр уæлдан капекк æфтдзæн. ,..Иу сæрдыгон бон Федырæн йе ’мбæлттæ, йæ сыхбæстæ фæндараст загътой. Астæуккаг скъола куыддæр каст фæци.. афтæ лæппу Воронежмæ абалц кодта йæ рагон бæллиц сæх- хæст кæнынмæ. Йæ гæххæттытæ балæвæрдта тæхджыты скъо- ламæ æмæ æнхъæлмæ каст: куыд рауайдзæн хъуыддаг. Уа- лынмæ райдыдта медицинон къамис. Дохтыртæ сæ цæст æрæ- зæрдтой ирыхъæуккаг лæппуйыл: бæрзонд, гуырвидауц, фидар уæнгты конд æмæ хæцъæфтæ. Цæстæй — цæргæсау, хъусæй — сагау. — Нырма кæд ахуырмæ рæвдз дæ, фæлварæнтæ кæд рад- тай, уæд дæ хъуыддаг ацыд, — загъта къамисы сæрдар, æмæ- йын йе уæхск уарзон хост æркодта. Райдыдтой фæлварæнтæ. Астæуккаг скъола каст фæуыны тыххæй аттестаты йын цы хорз æмæ итæг хорз бæрæггæнæнтæ уыдис, уыдоны фаг зонындзинæдтæ ногæй равдыста Федыр. Цалдæр боны фæстæ та лæууыдис тæхджыты скъолайы ног курсантты рæнхъы. Цæргæсы лæппынæн цалынмæ йæ базыртæ сфидар вæй- йынц, уæдмæ йæ мад ахстонæй нæ рауадзы æгæр раджы ма атæха, йæхи ма ныппырх кæна, зæгъгæ. Раст ахæм уавæры уы- дысты Федыр æмæ йе ’мбæлттæ дæр. Суанг фыццаг мæйты сæхи тæхджытæ хонын кæд байдыдтой, уæддæр нырма къазар- матæй, ахуыргæнæн уæттæй «бæрзонддæр» нæма цыдис сæ хъуыддаг. Зæххыл цæргæйæ ахуыр кодтой, хæдтæхæг куыд арæзт у, уæлдæфы фæндаг куыд агурын хъæуы, уыдæттæ. ...1935 азы Ленинграды тæхджыты скъоламæ йæ гæххæт- тытæ цы фæсивæд балæвæрдта, уыдонимæ уыдис Дзгойты Федыр дæр. Ацыд медицинон къамисы. Ницы сахъат æм раир- тæстой дохтыртæ. Æнтыстджынæй радта фæлварæнтæ дæр. Цалдæр боны фæстæ та æрлæууыд йæ ног æмбæлтты рæнхъьк Райдыдтой ахуыры бонтæ.' Фыццаг аз сын цы амыдтой, уыдæттæ Федырæн зындгонд*уыдысты æмæ иста иттæг яорз бæрæггæнæнтæ. Никæмæн хъæр кодта, раздæр Воронежы кæн а&суыр кодта, уый. Фæлæ-иу йе’’мбæлттæй исчи куы фæкъуых- цы, уæд ын цæстуарзонæй æххуыс кодта. Зæрдæрухсæй æрвыста лæппу йæ ахуыры бонтæ. Йæхи 338
иымадта æппæты амондджындæртæй иуыл. Тæхджытæ куыд фæзæгъынц, уыйау, арв йæ сæрмæ уыднс сыгъдæг. Иу бон та йе ’мбæлтты къордимæ уыцы сыгъдæг арвмæ стахтысты парашютæй гæпп кæнынмæ. Нысангонд бынаты иу иннæйы фæдыл згъæлдысты хæдтæхæгæй. фегом Федыры парашют. Уый хорз, фæлæ куыд уыдзæ’н йæ къахы хабар? Мæнæ зæхх, хæстæгæй-хæстæгдæр кæны. Фынддæс секун- ды ма... дæс, фондз... Уалыимæ æрныдзæвд зæххыл — æмæ- къах фæдыдагъ. Уæраджы кæхцы бын цыма туас. фæтъыстæ- )ЫД, уыйау рæхойгæ рыст скодта. Не схъæрзыд Федыр, йæхи ныффидар кодта. Сæры æппæ- ты разæй цы хъуБ1ды февзæрд, уый уыдис: мачи мæ бамба* рæд!.. Сыстыныл афæлвæрдта, фæлйе нæй: æлвæст къах бæндæ- ’пау дыдæгътæ кæны. Уалынмæ йæм санитарон машинæ æрбахæццæ, рынчын- донмæ йæ фæласынц. Машинæйы уæлгоммæ хуысгæйæ, Федыр æваст йæ цæф уæрагмæ фæлæбурдта æмæ сывæллонау хъæрæй пыккуыдта, сагъæсы тылд ныккодта йæ сæр. — Иу чысыл бафæраз, лæппу,рынчындонмæ нæ бирæ нал- хъæуы, — сдзырдта йæм дохтыр. Уый цæмæй зыдта, къахы рысты тыххæй нæ, фæлæ йæ ныр скъолайæ бынтон кæй ацух кæидзысты, ууыл кæй куыдта Федыр. Цух æй кæй акæндзысты, уый та бæлвырд зыдта. . Цалдæр мæйы фæстæ сыздæхт йæ райгуырæн Ирыхъæумæ.' Фæлæ ныфссастæй нæ. Уый хорз æмбæрста, адæмæн се *ппæ-< тæп тæхджытæ суæвæн кæй нæ ис, зæххыл дæр бирæ ахс- джиаг куыстытæ кæй ис, уый. 1936 азы кæрон Дзгойты Федыр партийы обкомы бюройьг» уынаффæмæ гæсгæ æрвыст æрцыд пропагандистты скъоламæ. Уый фæстæ куыста партийы обкомы сæудæджерады хайады сек- ретарæй, стæй та Туркменты ССР-йы горæт Ташаузы бæмбæ- джы заводы пълангæнæгæй. Зæрдæргъæвд, куыстыл æнувыд уæвгæйæ, æрыгон комму- пист бирæ хорз хъуыддеэгтæ сарæзта партион, стæй та эконсми- кон куысты дæр. Бирæ æмæ ахсджиаг уыдысты йæ дарддæры нысæнттæ дæр, фæлæ нал сæххæст сты, райдыдта Фыдыбæс- тæйы Стыр хæст. «...1943 азы фæндзæм июлы знаджы фистæг æфсæдты полк æмæ 150 танчы не ’фсæдты раззаг рæнхъытæ æрбарæмыгъ- той, хъавыдысты 1243 полк нæ иннæ æфсæдтæй фæхицæн кæн- гæйæ, «аныхъуырынмæ», фæлæ полкйæхиуыл æрхъула кæнын нæ бауагъта, кæд æм немыц алырдыгæй лæбурдтой, уæддæр. Знаджы цалдæр ныббырсты фæсыкк сты. Полчы æфсæддонтæ ныццагътой 400 немыцаг салдат^ æмæ афицеры, ныддæрæн кодтой æхсæрдæс танчы, дыууадæс машииæйы, сармадзанты батарей, стæй хæдтæхæг «Ю-88», 339
Æвдæм июлы изæры фондз сахатыл знаг, иог тыхтæ æрæм- бырд кæнгæйæ, ногæй полкмæ алырдыгæй ныббырста. . — Фæстæмæ иу къахдзæф дæр нæ! Тох кæндзыстæм фæс- таг тилдз, фæстаг салдаты онг! — бардзырд радта полчы командир. : Æмæ æвирхъауы тугкалæн тох бацайдагъ.- Суткæйæ фыл- дæр не ’ицад тохы цæхæр. Не ’фсæддонтæй бирæтæ фæмард. Фæлæ знаджы. рæнхъытæ дæр куынæгæй-куынæгдæр кодтой æмæ фæстагмæ лидзæг фæци, хæсты быдыры цæфтæй æмæ мæрдтæй 600 адæймаджы бæрц, æстдæс танчБ1, æхсæз хæд- цæугæ сармадзаны, фараст машинæйы æмæ бирæ хæцæнгæрз- тæ ныууадзгæйæ. Нæ полчы командир æмæ йæ дæлбæрн афи- ыертæ равдыстой стыр хъæбатырдзинад æмæ арæхстдзинад». Ацы рæнхъытæ ист сты ССР Цæдисы Хъахъхъæнынады Министрады архивæй. Ныхас дзы цæуы, майор Дзгойты Федыр командир кæмæп уыд, уыцы полкыл. Фæлæ ацы хабæрттæ ар- хивмæ хæсты фæстæ бафтыдысты. Стæй Федыр дæр майор, полчы командир суæвыны размæ бирæ тохты бацыд, дæргвæ- тин уыдысты’йæ хæстон фæндæгтæ. Салдатæп райдыдта хæцын. Уый фæстæ уыдис сержант, старшинæ, лейтенапт... Батальоны командир уæвгæйæ, капитан Дзгойты Федыр архайдта Харьков знагæй суæгъд кæныныл тохты æмæ ма йæ бирæ хæрзиуджытыл бафтыд ноджыдæр ну — Суворовы орден. ...1943 азы сæрды не ’фсæдтæ иу иннæйы фæдыл уæгъд кодтой Украннæйы хъæутæ æмæ горæттæ. Фæлæ алы хъæу, алы горæтыл дæр тынг хæцыдысты немыц. Лидзын сæ-иу куы бахъуыд, уæд та сæ фæдыл арт æндзæрстой. Федыр уыдта знаджы æвирхъау фæдтæ. Цас сыл арæхдæр æмбæлд, уыйас тыхджыидæр кодта йæ маст, уыйас карздæрæй хæцыд. Августы фыццаг бонтæй иуы Дзгойы фырты полк байста украинаг, хъæу. Фæлæ чысыл фалдæр немыц фездæхтысты æмæ фæстæмæ æрбабырсынц. Полчы командир бардзырд радта, знагæй цы акъоппытæ байстой, уыдонмæ ныххизын а;мæ æнхъæлмæ кæсыш * Немыцы фистæг æфсæддонтæ куЫ ’рбахæстæг сты; уæд Дзгойьг фыртмæ раззаг акъоппытæй’ чн- дæр æрбадзырдта: • - • - • — Æмбал майор! Семæ сывæллæттæ ис, æвæццæгæн сæ хъæуæй акодтой. -ч - :\ V; : Федыр биноклæй акаст.’/Ахæм цъаммар хъуыддаг бакæм- гæ никуыма фехъуыста нырон’г: æстгай — дæсгайаздзыд са’бн- тæп сæ къухтæ фæстæрдæм ^сбастой пемыц, афтæмæй сæ ра- зæй тардтой,, ома . махонтÆ;''-' сывæллæттæн тæрсгæйæ/' не /хсдзысты. }}г<> « *!" :• ’ —'.Фæлæуут, уæртæ дыкъахыг сырдтæ! — фырмæстæй сдзырдта команд11р, стæй уæд бардзырд радта: — Цалынмæ бынтои хæстæг æрбацæуой, ■ уæдмæ мачи 340
фехсæд. Хъавгæ кæндзыстæм æрмæстдæр сæртæм. Цыфæндынæ дæр сывæллæтты бахъахъхъæнын хъæуы. Немыц хæрз хæстæг куы. ’рбахæццæ сты, уæд сыл пуле- меттæ ауагътой махоитæ, ,стæй æвиппайды -акъоппытæй фæ-; гæппытæ кодтой, джебогътæй хæсты бацыдысы. Зпаг уый æнхъæл нæ уыд æмæ лидзæг-фæцис, сывæллæттæ та не ’фсæд- донты ’хсæнты хъæуырдæм азгъордтой. Чысыл йæ фæллад суадзынмæ æрлæууыд полк. Немыц сæ разæй цы лæппуты тардтой, уыдонæй ну Федырмæ æрбацыд æмæ йæм, сæрдæн зети кæм вæййы, ахæм чысыл къопп æрба- лæвæрдта. , — Цы у, лæппу? — бафарста командир. — Уæртæ йæ уым ссардтои, — быдырмæ ацамопгæйæ, загъта лæппу. — Знон цалдæр сахаты бæрц фæхæцыдысты уым мах цалдæр æфсæддоны. РазвæдсгарджЫтæ уыдысты, æвæццæгæн, сусæгæй æрбахъуызыдысты. Фæлæ сæ пемыц ба- :<ыдтой æмæ сыл алырдыгæй æрæмбырд сты. Фрицтæй тынг Оирæ фæцагъд, мах сæм уæрмы дуарæй кастыстæм. Фæлæ махонтæ бирæ нæ уыдысты, æмæ сыл иемыц фæуæлахиз сты. Уый фæстæ сын сæ мæрдтыл таик батардтой. Федыр байгом кодта къопп. Йæ хуылфы разыид къаран* дасæй фыст гæххæтт. «Мæ гыццыл хъæбул, мæ зыпаргъ. къона! —. фыста хæс- тон, .— Дæуыл дыккаг аз йедтæмæ нæма цæуы, мæныл — 24. Лы мæ фырт да?, æз — дæ фыд. Фæлæ нырма кæрæдзп пæма федтам. Стæй ныр бамбæрстон, кæй никуы уал фендзыстæм кæрæдзн, уый. Мах стæм аст æмбалы. Знаг ныл æрхъула, нæ алыварс та иæхиуæттæй хæстæг ничи ис. Бæлла^х уый у, æмæ мæ гил~ дзытæ фесты. Немыц та нæм 70—100 метры дæрддзæф сты. К’ьордтæй-къордтæй нæм хæстæгæй-хæстæгдæр цæуынц. Мæнæ иыртæккæ ме ’мбæлттæн дæр сæ фæстаг гилдзытæ фæуыдзыс- ты æмæ уæд сыстдзыстæм, къухæй хæсты бацæудзыстæм. Ныб- бар мын, мæ гыццыл хъæбул. Фæлæ зон: дæ фыд йæ кавказаг туг.^æвар нæ ра...». Ууыл фыстæг фескъуыд. Йæ бпионты адрес иыффыссын дæр йæ къухы нал бафтыд хæстонæн, афтæмæй, æвæццæгæн., гæххæтт къоппы авæрдта æмæ къухæй хæсты бацыд. Æрдæгфыст фыстæг Федыры зæрдæ афтæ фæцагайдта, æмæ исдуг ницы сдзырдта, стæй уæд гæххæтт нæ риуы дзыгн иы бафснайдта æмæ йе ’мбалæн загьта: Нæ газеты йæ{|ныммыхуыр кæнын хъæудзæн... . Полк дарддæр|араст. Р1æ нысан уыдис, Супруиовкæ кæй’ хонынц, БелгородйУ уыцы хай знагæй байсьш. 34)'
...Белгороды, поэздæй рахизгæйæ, сфæнд кодтон æппæты разæй Федыры номылуынг феиын. Таксийы шоферы куы лфарстон, уæд мын загъта: — Куыд иæ зонын Дзгойы фырты уынг. Сбад, ныртæккæ дæ фæхæццæ кæндзыиæи. Цалдæр мимуты фæстæ лæууыдтæн горæты ног районы. Уынг дæр ног у. Сырæзыд дзы слюдæйы комбинат, чысыл фалдæр та арæзт цæуы механикон завод, уыдзæн дзы уæла- дзыгджын ног хæдзæрттæ, сæ бынæттæ сып æрбæрджытæ кодтой. Белгороды горæххæсткомы 1965 азы фæндзæм майы уы- <' лаффæйы фыццаг пункты фыст ис: «Слюдæйы фабрикæ кæм арæзт цæуы, уыцы уынгыл æвæрд æрцæуæд Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатыр, Белгород знагæй уæгъд кæнгæйæ чи фæмард, уыцы майор, полчы коман- ’ дир Дзгойты Стъепапы фырт Федыры ном». Горæххæсткомы уынаффæимæ ма ис ахæм гæххæтт: «Харьковы гарнизоны афицерты хæдзары хæстон-зонадои æхсæнады Совет æмæ Харьковы 136 астæуккаг скъолайы ди- рекци курынц, цæмæй Белгороды уынгтæй иуыл сæвæрат Дзгойты Федыры ном». Советы сæрдар, отставкæйы инæлар-булкъон И. Труфанов. Секретарь отставкæйы майор П. Иванов. Скъолайы директор О. Орлова, 375 дивизийы разведкæйы раздæры хицау майор И. Тульчинский. 135 дивнзийы 1243 полчы раздæры тæлмацгæнæг, запасы ^апптан К. Шабля». Не ’мбæстаджы хабæрттæ базоныны фæдыл æрцыдтæн Харьковмæ, зæгъгæ, уый куы базыдтой Федыры хæстои æм- бæлттæ, уæд сын тынг æхсызгон уыдис. — Белгороды горæххæсткоммæ Харьковы афицерты хæ- дзар аемæ 136 скъола цæмæн арвыста куырдиат, уый уал дып бамбарыи кæнон раздæр, — загъта Тульчииский. — Нæ диви- зп ацы горæт немыцæй кæй суæгъд кодта, уый тыххæй йæ Уæлдæр Сæйрагкомандæгæнæг И. В. Сталииы бардзырдмæ гæсгæ схуыдтой харьковаг дивизи. Скъолайы та ис нæ диви- зпйы хæстон памысы музей, æмæ дзы Дзгойы фырты ном ахсы зынгæ бынат... Уый фæстæ Тульчинский æрымысыд хæсты бонтæ. ...1943-æм азы июны фыццаг бонты дивизи бацыд карз то- хы. Махонтæ бырсгæ кодтой,' знаг та йæ фидæрттæй æхста. Сæумæцъæхæп изæрдалынгтæм æнæрынцойæ фæпæрыд ’хæст. Мах æфсæддонтæй бирæтæ фæмард сты, фæлæ уæддæр размæ лцæуынæн ницы амал уыдис. Уый нæ, фæлæ ма куы ’рталынг, уæд 1243 полчы чъылдыммæ немыцаг танктæ дæр æрбаирвæз- 342
тысты; полк дивизийæ фæхицæн кодтой æмæ йыл æрхъула сты. Уалынмæ командир уæззау цæф фæцис æмæ уацары ба- хауд. Фæмард йæ хæдивæг. Немыц сцин кодтой, ноджы тынг- дæр лæбурын байдыдтой алырдыгæй. Уæд командæкæнынад йæхимæ райста батальоны командир Дзгойты Федыр. Уый зи- лын байдыдта батальонтыл, ротæтыл æмæ лæвæрдта бардзырд: «Ацæуæн нын ис æрмæстдæр знаджы мæрдтæйарæзт фæнда- гыл. Иаб фæстаг хъарутæй ма архайы æмæ йæ кæронмæ ныд- дæрæн кæнын хъæуы!» Уыцы ныхæстæ ныфс бауагътой хæстонты зæрдæты. Тохы цæхæр кæм æрцæйнымæг кодта, уымыты та ногæй сытынг. Знаг нал бафæрæзта æмæ æхсæвы талынджы æмбæхсгæйæ ли- дзæг фæцис. Дыккаг бон Дзгойы фырты снысан кодтой уыцы полчы хомандирæй. — Хъæбатыр лæппу уыдис Федыр, — зæгъы Тульчин- ский. — Уыцы заман, 1943 азы, æппæт дивизийæ уый йедтæ- мæ Суворовы орден никæмæ уыдис. Мæ бон афтæ зæгъын у, æмæ дивизийы æфсæддонтæ се ’ппæт дæр сæрыстыр уыдысты \ыцы орденæй, уымæн æмæ йæ уæлдай стыр. сгуыхтдзинæдты тыххæй лæвæрдтой. Федыр йæхæдæг та хъал, хиппæлой адæймаг нæ уыд. Суанг ма йæ цалынмæ хæсты ’ быдыры нæ федтон, уæдмæ мæм цыдæр фырнымд фæкаст, уымæн æмæ йæ хъуыддаджы фæдыл йедтæмæ уæлдай ныхас скæнгæ нæ фед- таис. ^дыхъæдæй — хуымæтæг адæймаг. Салдæттæ та йæ афтæ бирæ .уарзтой, æмæ дзы кæд бирæтæ йæхицæй хистæр уыдысты, уæддæр æй фырбуцæй «Батя» хуыдтой. 1943 азы августы райдианы не ’фсæдтæ æввахс бацыдысты Белгородмæ. Уым нырма немыц уыдысты, горæтæн йæхи ми- дæг, стæн йæ алыварс быдырты. скодтой тыхджын фидæрттæ. ’Танкæй, сармадзанæй, адæмæй иууылдæр зæххы— акъоппыты ныббырыдысты. Федыры полкæн хæс уыд Везелкæйы цæугæдоны иннæ фарсмæ бахизын æмæ, Супрунковæ кæй хонынц, Белгороды уыцы районы знаджы ныддæрæи кæнын. Уый æнцон хьуыддаг иæ уыдис, уымæн æмæ мах æфсæддонты тыгъд быдыры бырсып .хъуыд, знаг та æмбæхстæй бадтис. Æмæ тæккæ тæссагдæр ранмæ дæр уый тыххæй арвыстой Дзгойы фырты, куыд арæхстджындæр, хъæбатырдæр командиры, афтæ. Фæндзæм августы фæссихор полчы командир радта бар- дзырд ныббырсты тыххæй. Уый хæдразмæ сахаты дæргъы æхстой Супруновкæйы фидæрттæ. Ныр Федыр йæ полк чысыл къордтыл адихтæ кодта, алкæйы размæ дæр дзы бæлвырд иы- •сан сæвæрдта, афтæмæй абырста. Йæхæдæг цыдис астæуккаг къордтæй иуы, дыууæрдыгæй дæр æм йе ’фсæддонтæ хорз куыд зыной, афтæ. Командиры уынаффæмæ гæсгæ къордтæ Фырстой радгай. Куы-иу галиуырдыгæн къордтæ (уыдои дæр 343
хицæнтæй) азгъордтой размæ æмæ ахуыссыдысты, куы рахн- зырдыгæй, куы астæуккæгтæ; Афтæмæй донмæ бахæццæ стьц Иу былæй иннæмæ минаметтæй, пулеметтæй æхстой иутæ, шшæтæ та уыцы рæстæг фаллаг былмæ ленк кодтой. Уартæ уал дзы иу къорд баирвæзт, пулеметтæ æрæвæрд- той æмæ ныккалдтой немыцыл. Полчы командир дæр арды- гæй разамынд дæтты. Хорз цæуынц хъуыддæгтæ, Немыцæй уал доны был дзæбæх гæбаз уæгъдгонд æрцыд. Æппæты зын- дæр доныл æрбахизæн уыдис. Ныр, ардыгæй æхсгæйæ, иинæ- тæн дæр хъуамæ фадат саразой доныл æрбахизынмæ. Уалын- мæ уæртæ пулеметтæй иу ныллæууыд. Федыр фæкаст æмæ ауыдта, æрыгон салдат мардæй донмæ куыд- ныххауд, уый. Чи йæ баива, уый нæй. Ныббырст куы фæсыкк уа, уымæй тæссаг у ахæм уавæры. Федыр фæгæпп кодта, азгъордта. Нæм- гуытæ йæ къæхты бын рыг скалынц, фæлæ йе згъорд нæ уадзьи Бахæццæ пулеметмæ, ахуыссыд, æрбалхъывта мæнгвæдæг.. Кæройнаг хæдзарæй цы немыцаг пулемет æхста, уый хъæлæс фæнымæг. Полчы командир акæсы донмæ. Мæнæ хæстонтæн сæ фыл-* дæр æрбахæццæ ацы фарсмæ. Абырстой дарддæр. Ныр хæст бацайдагъ уынгты. • • •. Сахаты бæрц рацыд, афтæ Супруновкæзнагæй уæгъдгонд. æрцыд. Уыцы бон, фæндзæм’ августы, 120 сармадзанæй Мæскуыйы лæвæрдтой салют, Белгород чи ссæрибар кодта, уыдоны кадæн. Уымæй фондз боны фæстæдæрта, дæсæм августы, .чысыл хъæу Липцымæ хæстæг 1243 полчы командир Дзгойты Федыр фæ~ мард немыцаг бомбæйы схъисæй, — Ацы ран хæст йæ тæккæ цыреиæй цыдисæмæ йын ба- ныгæпыны фадат нæ уыд. Уымæ гæсгæ йæ аластам æмæ нæ Харьковы областы Стрелечьейы хъæуы баныгæдтам, — зæгъы '] ульчинский æмæ Федыры полчы ротæтæй иуы раздæры ко- манднр Мефодий Антонюк. — Хъæуы цæрджытæ йыл сæвæрд- той хорз цырт, зилынц ингæнмæ. Ацы зæххыл фæмард хъæба- тырæй æмæ йæамы цæрджытæ никуы ферох кæндзысты. *
Гугкаты Шалии ФÆДИСОН ХЪÆУ Мæ хæлар, мæ уарзоп, æнæзопгæ уарзон, Цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ. ’ Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон, Мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыд&лты зæхх? Къоста.*' æ бон хорз, Ирыстон, дæ бон хорз, Фыдызæхх, цард- амонд райгуырæн хæхбæстæ, лæджыхъæд æмæ намысы фæл- варæц. Ды дæ нæртон æгъдæутты суадои, зынгзæрдæты ный- йарæг, дыдæ зæххы бикъ, комы дæгъæл æмæ иын кæддæрид- дæр амондимæ цæр. Ам райгуырынц ирон лæджы рæсугъд бæллицтæ, царды сагъæстæ æмæ, тугдадзинтыл зилæгау, акæиынц сæ балц. Рай- гуырæн бæстæйыл Цæгатæй Хуссармæ, Скæсæнæй Ныгуылæи- мæ, стæй та æрыздæхынц фæстæмæ Ирыстоны зæрдæмæ ног тых, ног пыфс æмæ базырджын хъуыдытпмæ. Æрыгон нал дæ ды, Ирыстон! Нæ дыл ныууагъта рæста^ джы кар фæд, æдзух уыдзынæ, дæ байзæттагау, цардбæллон; æрыгон. Фæлæ уæддæр æнусон урссæр хæхтæ æппæт дæр зо- иынц æмæ фæстагæттæн сæрыстырæй фæдзурынц, кады ном æмбулынæй фæллад чи нæ зыдта, æмбисондæнхæссннаг, уыцы домбайзæрдæ æмæ рахиз цонджы таурæгь. Алы дуг дæр хæл* тыл ныууагъта йæхи иысаи æмæ, хъæдгæмттау, зынынц бæ- рæгæй. Леуахи æм’æ Терк цæуынц заргæ, куы та Ирыстоны ив- гъуыд бонтæ ’й’ысгæйæ вæййыпц æрхæндæг. Нæ; нæ, кæд дæм цыфæнды зын кæсы уыцы таурæгътæ мысын, ’уæддæр дзы пуæн æнæ ракæнгæ нæй. 1 Хур арвыл фæци йæ балц,' хæрзнзæр загъта уæлвæзтæ æмæ хæхтæи. Цъити ма ферттывта сырхæй, стæй цыма истæ- мæй фæтарст, уыйау афæлурс æмæ ахуыссыди боны рухс. 345
Æрсабыр ис, æрфынæй æрдз. Хохрæбын ныллæг тъæпæны • йæ царды фæндтыл сагъæс кодта Едыс. Куы иу хæдзары рудз- гуытæ ферттивынц, куы иннæ æмæ алы ранæй дæр акалд фæ- тæгены лампæйы рухс. Æрталыиг. Иннæ боитау та ныр дæр ныхасы бадтысты хъæуы лæгтæ. Ам фæдзурынц царды фæндтыл бæстон, æмæ сæм цы иæ кой æрхауы фæскуыст, сæ фæллад уадзгæйæ. Убщы бонты та сæ иууыл ахсджиаг дзуринаг уыдис элек- тростанцы арæзтад. — Хъуамæ нын йæ къанау къахт фæуа хосгæрдæнмæ, кæннод та йын фидæнмæ æиæ баззайгæ нæй. — Уый нæхпцæй аразгæ у. Хъуамæ нын раздæр фæуа къахт. Æрмæст нæ арв ма бакъуылымпы кæнæд, уый йедтæмæ нæ цы хъуамæ бахъыгдара? — Сæрдыгон къæвдайæн та цы йæ бон у? — Лæгтæ афтæ - ныхас кæнгæйæ сæ цæст ахастой арвыл. Стъалытæ ма ранæй- рæтты зындысты мигъты скъуыдтæй. — Райсом ма уыцы дурты спырх хъæуы динамитæй, стæй иннæ фæлмæн сыджыт у æмæ ньш уайтагъддæр фæуы- дзæн къахт. Бацархайын хъæуы, цæмæй афоныл къухы баф- той, районæй нын цы æрмæджытæ ис æрбаласинаг, уыдон. Нывæзтой царды фæндтæ Едысы хъæубæстæ. Сæ цæсты- тыл уади, хæххон хъæуы электроны рухс цæхæртæ куыд кал- дзæнис, уый, æмæ сæ уыцы цин нал уагъта æхсæв фынæй кæ- нын, бон та фæллад уадзын. Инженерæй сæхæдæг агуырдтой куыст. Уын та сæ сабыр кодта, зæгъгæ, тагъд кæнын нæ хъæ- уы, æз уын цы нормæ радтыи, уый уын фагæй ма уæлдайдæр у, æндæр уæ ницы домын. Фæлæ лæгдых хъæубæсты цы домд- та, домбай æмæ арæхстджын къухтæй æвнæлдтой хæлæфæй æрдзы хæрзиуджытæм, цæмæй ноджы тынгдæр рухс кодтаид сæ царды фæндаг, æрттывтаид сæ фидæны нысан. Рæсугъд хъуыдБ1тæ, рæсугъд фæндтимæ та æрфынæй хъæу. Иу хæдзарæй дæр на’л калд рухс. Цуанонтæн дæр, æвæц- цæгæн, нæ уыди куыст æмæ сæхицæн радтой улæфт. Ныссабыр æрдз, нал хъуыстис йæ улæфт, цыма уый дæр фæллад у, æмæ тарф фынæйы хай баци. Цæугæдон дæр рахызт сусæг зарæг- мæ, ца^мæй ма хъыг дардтаид адæмы æнцойад æмæ сын ныл- лæг сыр-сырæй хъырныдта, авдæн узгæйæ мад йæ хъæбулæи йæ мид-зæрдæйы цинад былтызмæлдæй куыд фергом кæны, афтæ. «,. ;• Ныссабыр бæстæ, ныссабыр ,æрдз, æрмæст ма тар хъæдæй фæцæуы уыджы уасын æмæ уый , халы æвæджиаг æнцойад. Мæй фæзыны мигъты ’хсæнæй, йæ фæлурс тынтæ асæрфы ’ зæххыл æмæ та амбæхсы фæстæмæ. . ,«• Йæ фæллад уагъта райгуырæн, Цæдис, фæлæ æикъардта цавæрдæр фыдбылыз æмæ фыд-фьштыл бафтыди йæ зонд. Мæнæй-ма, удхæссæг слæууыд йæхи æмбæрц, айвæзта уæнгтæ 346
æмæ æнцойдзинадæн бавнæлдта йæ хурхмæ. Хурныгуылæн арæн- тæм хæстæг лæууыдысты лæгсырдтæ. Уыдоныл нæ фæтых ис хуыссæг, фесты хиитæ æмæ кæлæнты амæттаг, афтæмæй æн- хъæлмæ кастысты, адæймаджы цард зындоны хай чи фæкод- та, уыцы дзырдмæ. Уæдмæ æппæт дæр уыд цæттæ, æркъæпп- æввонг. Æгас дуне нындзыг, æрмæст ма хъуыст рæстæджы фаел- мæн къахдзæф. Цыдысты минуттæ, сахаттæ. Нырма дуне æн- 71ад-æнцойæ улæфыд, сабырдзииад, цыма, фынæйæ растад æмæ афтæмæй куырмæй фæцæуы рындзмæ. Айнæджы былыл слæууыд, сæрсæфæнмæ бавæрдта йæ къах. Згъоры рæстæг, нал ыл хæцы цæст. Фыдгул нымайы ми- нуттæ, хъусыл аныхæсы сахат. Райгуырæн зæхх та фынæйы хай фæци. Сæ фæллад уагътой куыстдзагъд уæнгтæ, цæмæй та фæллойæ гуырд адæймаг райхъал уыдаид сæуæхсидмæ æмæ та дарддæр амадтаид йæ фидæны гæнах. Уæдмæ фыдгул дæр нымад фæци сабыр царды минуттæ. Фæцыди æхст. Рындзæй асхъиудта сабырдзинад. Айзæлыд фыдуацы хъæр æмæ æрвнæрæгау æрзылд æгас зæххы къори- йыл. Æрзылди ниугæ Ирыстоны хæхбæстыл дæр. Фыдбылыз бахоста едысæгты рудзгуытæ. Фыдгул уæгъдибар ауагъта мæлæты рохтæ. Едысæгтæ та бавнæлдтой къанау къахынмæ, афтæ сæм бахæццæ фæдисы хъæргæнæг. Цавддурау баззадысты адæм, сыбыртт дæр никæмæй уал хъуыст, не ’ууæндыдысты исдугмæ сæ. хъустыл. • — Хæст! Цы фыддæр тыхгæнæг æрбабырста нæ бæс- тæм, — загъта фыдуацхæссæг æмæ ныфс æнхъæл • цæст ахаста йæ хъæубæстæйы адæмыл. Урс цъититæ æркалдтой сæ цæссыг. Æрдæгыл фескъуыд æ.рдзы зарæг. Нынкъард, ’нырхæндæг хъæу, уæззау сагъæстæ йыл ауагътой сæ уæз æмæ нал уыди йæ бон тæлфын дæр. Фæлæ ’фæзындысты кæцæйдæр пахуымпары рырг[ь|зонды, ферттывдау, ныфсдæдтæг фыдæлты ном æмæ æхсар. Ирыстоны ’ хæхтæ, цæмæн кæсут æрхуымæй, цæмæн æр- калдтат цъититæ уæ цæссыг, цæмæн ныхъхъуыстай а-дуне дæ зæрдæмæ? Фыдыбæстæ фæхъæр кодта фæдис, — æмæ уæд фæдисокы сæры фегуырдысты поэты арф хъуыдыджын ныфс- дæдтæг дзырдтæ: «а-дуиейыл лæгæн йæ бархиад куы фæистæ- уы, уæд иæй хорз дæ ды, хæстмæ цæуын, цæй хорз дæ». Æмæ Едыб; дæр уыцы бон афæндараст кодта йæ фыццаг фæдисон йасаты Ваняйы. Цыдысты боитæ карды комыл, рапдыдтой дывыдон азтæ. •Хъæуы хæстхъом фæсивæд цадæггай ивылдысты фыдгулы дæ- рæк кæнынмæ. Армыдзаг хохаг хъæу афæндараст кодта тохы быдырмæ 24 хæстоны: Басаты Гиуæрги, Хазби, Къола, Никъа- ла, Дзесты фондз æфсымæры, Дзукъаты хæдзар дыууæйæ, 347
Абайтæ æртæйæ,'Мамиты хæдзар’ :æртæйæ, Беджыза’ты Ар^чил’; Бктъи, Дзамбол, Дудар, Михел æмæ Иван. Ныййарæг мад, фæхæц дæхиуыл, асæрф’уал дæ судзæггаг цæссыгтæ æмæ ныфсытæ авæр дæ бæлццонæн, дæ фæдисон хЪæбулæн. Дæуæй сæрыстыр у Фыдыбæстæ. Ды йын схъомыл кодтай бæгъатыр фæдисонтæ æмæ-иу фидар дæр фæлæу. Дæ мастæн’пе ’мбис бафæраз æмбæхсын æмæ афтæмæй æнхъæл- мæ кæс тохы быдырæй хабармæ. Гъепыр, гъе, хохаг куырыхои зæронд лæг, бахъуыди та дæ сæр. Дæ хъæбултæ сæ къухтæм райстой, ды сын цы амонд ба- бар кодтай, уый хъахъхъæньшæн хæцæнгарз æмæ та сæм фæ- кæс дæхæдæг дæр дæ фарн, дæ тых, дæ зондæй. • • Сæр дæ бахъуыди, хæххон * сылгоймаг. Де ’мкъай райста фыдгулы марæп хотых æмæ дæуæп та бафæдзæхста йæ кусæн- гарз. Ма йæ судз уысмы бæрц дæр, макуы байсысæд дæ хъа- ру, фæллад цæстытæй макуы бакæс хæстоны сабнтæм, афтæ- мæй сыи дзур сæ фыды лæджыхъæд æмææхсары тыххæй. •• Хоны зæрдæ ацыд балцы æфсымæримæ. Ацы хатт-иу ма равдис Чшджы’ фæлмæн, тæнæг зæрдæ, фæлæ куы фехъусай фыд’уац, уæд-иу судзгæ цæссыгтæ сусæгæй æркал, райс-ну фæндыр æмæ-иу хъайтары’кадыл зарæг самон. Уæлахизы бои. Куыд зынаргъ уыдтæ, куыд тыпг дæм бæл- лыдысты ’цардбæллон фæсивæд, афтæмæй йуыд æрæгмæ æр- цыдтæ. Цыппар азы. Æнустау даргъ æнæнцой дывыдон азтæ. Едысы хъæуыл дæр ныууагътой стыр хъæдгом, цæргæ-цæрæн- бонтæм байгасгæнæн кæмæн нæй, ахæм хъæдгом., СаубонтиМæ’ сау хабæрттæ хъуыст. Йæ фæдисоитæй бирæтæ мал сæмбæл- дысты сæ райгуырæн уæзæгыл, нал федтой сæ райгуырæн æрд- хæрæн хæхбæстæ. Едысаг фæдисонтæ Басаты Вапя, Никъала, Къола, Дзу- къаты Никъала, Дзесты Леви, Хадзц. Дола, Абайты Гадзы- бе, Саламджери, Беджызаты Арчил, Мамиты Бутула сæ цард рауæлдай кодтой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд зпаджы ныхмæ тохы. . ’ Замапты фари, зынаргъдæр хæрзпуæгæн цы иамыс радта чæварæп, уый фæхæццæ æвæджиаг бæрзæндмæ æмæ дзы ныс- сагъта иомхæссæп тырыса. Уæдæй ардæм фæйлауы æнусты кад бæрзондæй, зыны æгас дунемæ. Йæ хаутыл, сæуæхсидау, Фæ- судзыпц зынгхуыст салдаты мастисæг цæстытæ æмæ, фын фе- нæгау, фæстагæттæп дзурынц хæстоны пом, лæджыхъæд æмæ кадыл. Урс бæлуæттæ зилынц йæ’’сæрмæ, йæ хауты йын фæл- мæн уддзæф фасы æмæ æппæтуынæг сæдæдзæст \ур та рæв- , даугæ расæрфы тырысайы зæлдаг/ æндæхтыл’' й<Ф фæлмæн ’», хъарм тйнтæ. » \"/ '• . г • V Едысæгтæм дæр зыпы уыцы тырыса æмæ йын иыллæг сæ сæрæй кувыиц. >'!>
Плиты Илья БУЛКЪОН ЗАССЕТЫ ВИКТОР ысылæй дæр æмбаргæ лæппу уыд Виктор. 1920 азы йын йæ фыды меньшевиктæ куы амардтой, уæд ыл æртын- дæс азы йедтæмæ нæма цыдис, фæлæ йæ зæрдæйæ иу уысм дæр нæ рох кодта уыцы æбуалгъ хабар æмæ-иу дзырдта: <æз мæ фыды маст хъуамæ райсон не знæгтæй, зæгъгæ. Виктор бнрæ уарзта æфсæддои хъуыддаг, фæндыдис æй æфсады службæ1 кæнын, цалдæр хатты æрсиддон пунктмæ дæр бацыд æм«æ куырдта, мæн дæр арвитут Сырх Æфсадмæ, зæгъ- гæ?),фаугæ-иу ын загътой: нырма чысыл дæ, дæ рад куы ’рцæ- уа,,уæд дæ арвитдзыстæм. ,1924 азы фæззæджы Вимгор ацыди Одессæмæ æмæ уы.м бацыд\ æфсæддон скъоламæ. Чысыл фæстæдæр дзы йæ мад Аничкæ фыстæг райста. Виктор фьтста: «Æз ахуыр кæнын Одессазйы артиллериок скъолайы., Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд», М^ы цинаен кæрон , нал уыдис: æгайтма мын æнæниз у, мæ ах'сджиаг7'хъæбул æм.æ кæмфæнды дæр ахуыр кæнæд. .. Афтаз Виктор ахуыр кæнын.райдыдта æфсæддон хъуыддаг. 1928 азы, каст. фæцис артиллерион ахуыргæнæндон æмæ йа^ службæ кæнынмæ арвыстой Киевы æфоæддон округмæ. Фæс- 349
тæдæр хайад иста Халхип-Голы æмæ урсфинæгты ныхмæ тохты. 1931 азы Викторы арвыстой Дард Скæсæнмæ, службæ кодта арæныл Хадабулакы станцы. 1939 азы онг уым фæкуы- ста, стæй ахуыр кæнынмæ бацыд Ленинграды æфсæддон Ака- демимæ. Академи каст куы фæцис, уæд фæстæмæ æрвыст æр- цыд Дард Скæсæнмæ. Ныр та службæ кодта Борзяйы станцы. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд майор Зас- сеты Виктор æрвыст æрцыд фронтмæ. Командæ кодта танкæ- йон бригадæйыл. Немыцаг тыхæйисджыоы ныхмæ хæсты фронты командæ- кæнынады хæстон хæстæ иттæг хорз кæй сæххæст кодта æмæ хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад кæй равдыста, уый тыххæй Зассеты Георгийы фырт Викторы ССРЦ Сæйраг Советы Пре- зидиум схорзæхджын кодта Сырх Стъалыйы орденæй. Уыцы æхсызгон хабар æмæ йæхи царды тыххæй 1942 йзы 21 апрелы Виктор йæ мад æмæ йæ хомæ фыста: «Уæ бонтæ хорз уа, мæ зынаргъ мад æмæ хо Ленæ! Фронтмæ райстон сымахæй дыууæ фыстæджы. Æхсызгон мын у, дзæбæх кæй стут, уый. Æз дæр цæрын, дæн æнæниз. Мæ танкæйон хаимæ æхсæз мæйы тох кодтон Ныгуылæн фрон- ты немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ. Æйттæй дæрæн кодтон немыцаг оккупантты. Æз мæхæдæг дæр фæцæф дæн, фæлæ мын ницы уал у. Иу мæйы бæрц хуыссыдтæн госпиталы /æмæ куы адзæбæх дæн, уæд та фронтмæ ацыдтæн. Ныртæккæ, рæс- тæгмæ дæн Нижний Тагилы (Уралы). Ам хæрзцъус рæстæг баззайдзынæн, стæй ацæудзынæн фронтмæ. Командæ кæнын танкæйон бригадæйыл. Мæ мад, æз сæрыстыр дæн, Райгуырæн бæстæ кæй хъахъхъæнын æмæ Сырх Æфсады советон танки- сты цытджын ном кæй хæссын, уый тыххæй. 1942 азы 13 апрелы «Правда», кæнæ 1942 азы 14 апрелы газет «Красная Звезда» бакæсут — мæнæн радтой паддзаха- дон хорзæх — Сырх Стъалыйы орден, немыцаг тыхæйисджы- ты ныхмæ тохы лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад кæй равды- стон, уый тыххæй. Уый мæн хæсджын кæны, цæмæй ноджы хуыздæр тох кæнон^ цалынмæ знæгты бынтон не скуынæг кæ- нæм, уæдмæ. Гыцци, телеграфæй дын арвыстон иу мин. сомы æмæ сæ райстай, æви нæ? Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд, арæх дæм юæй нæ фыссын, уый тыххæй мæм ма хъыг кæн. Салæмт- тæ радт зонгæтæн. Æнхъæлмæ кæс ног адресмæ архайæг æф- садæй. Уæхи Виктор». ■ *' ’ Цыппар мæйы ницыуал бæрæг уыдис Викторæй. Стæй 1942, азы 28 августы йæ иннæ патриотиксш фыстæджы Виктор фыста: . «Уæ бонтæ хорз, мæ зынаргъ/мад æмæ мæ( хо Ленæ! Г Фыстæг уæм рагæй нал ныффыстон æмæ мын бахатыр’ кæнут. Цæрын, дæн (æнæниз, нæ кадджын Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнын Брянскы фронты. Куынæг кæнæм немыцаг ты- хæйисджыты. Иу æмæ дыууæ фашисты миййаг нæ бадæлсы- 350
джыт кодтам! Мæ мæт ма кæнут. Мах не ’ппæт дæр хæсджьш стæм, цæмæй нæ уарзон Райгуырæн бæстæ хтьахъхъæнæм. Гыцци, ныффыссут мæм, куыдтæ стут, цы хабæрттæ уæм ис. Къоста æмæ Серги кæм службæ кæнынц, мæ адрес оæм рад- туг æмæ мæм фыстæг ныффысоæнт. Ленæйы лæг кæцы фрон- ты ис, уый дæр мын фехъусын кæнут. Ленæ та куыдтæ цæры, дæ хъус æм фæдар. Гыцци, дæхимæ фæкæс. Мæнæ тагъд цъаммар фашистты скуынæг кæндзыстæм, уæлахизæй .æрыз- дæхдзыстæм нæхимæ ■ æмæ дзы уæд буц уыдзынæ дæ фыртæй, нæ Райгуырæн бæстæйы кад æмæ ирон адæмы намыс кæй хъахъхъæнын, уый тыххæй. Нæхи никуы фегад кæндзыстæм. Ныр уал фенынмæ, мæ зынаргъ мад æмæ хо. Салæмттæ рад-, тут хæстæджытæн æмæ зонгæтæн. Архайæг æфсад. Быдырон пост 2462». Бæрцæй ацы дыууæ фыстæджы æрæрвыста архайæг æф- садæй Виктор йæ мад æмæ йæ хомæ, æмæ сæ уыдон дæр стыр хæзнайау æфснайд дарынц сæ уарзон Викторы мысынæн, уый номыл.. Уыцы дыууæ фыстæджы ирдæй зыны Советон Æфсады командирæн, патриотæн, коммунистæн йæ цæсгом, йæ зæр- дæйы уаг, йæ мидхъуыдытæ, ныфсхастдзинад, знагыл кæронмæ фæуæлахизы уырнындзинад. 1943 азы февралы не ’фсæдтæ размæбырст куы сарæзтон æмæ немыцаг тыхæйисджытæн сæрсæттæн цæфтæ куы кодтой. уæд Зассеты Викторы танкæйон бригадæ архайдта Воронежы фронты. Цымыдисаг у, советон танкисттæ цы хъæбатырдзинад æвдыстой знæгты ныхм-æ тохы, æмæ уыдон йæхи цæстæй чи федта, газет «Известияйы» уыцы сæрмагонд уацхæссæг 3. Ост- ровскийы уац «Советон танкæтæ бырсынц размæ», зæгъгæ, уый. «Ныртæккæ не ’фсæдты размæбырсты танкæтæ хайад исынц æнтысгæйæ. Уыдон сты ног машинæтæ — Райгуырæн бæстæ сæ рæдауæй æрвиты фронтæн. Фронт йæхæдæг дæр би- рæ хæлд машинæтæ .сцалцæг кодта. Советон танкæтæ сæттынц ныхмæлæууæджы хъахъхъæдад, знаджы машинæты цырд фæфæлдахынц, цъист кæнынц гитле- рон фистæг æфсæдты, куьшæг кæнынц немыцаг блиндажтæ, дзоттæ, пулеметон тæппытæ. Нæ танкæтæ цы быдырты, фæн- дæгтыл æмæ уынгты ацыдысты, уымыты гитлеронтæ сæдæ- гæйттæй æмæ мингæйт(тæй сæ мæлæт ссардтой. Нæ танк»æтш бырсынц знаджы фидæрттæм, сæхи сæ бакæнынц, фистæг æф- сæдты æрбацыдмæ дзы^ ныууадзынц танкон десанттæ, æмæ оæхæдæг дарддæр абырсынц размæ. Немыцаг командæкæнынад; Воронежы фронты иу фадыг уæлдай тынгдæр сфидар кодта. Фæлæ йæ нæ танкæтæ æвип- пайды бабырстæй баиахстой. Уыцы операцийы рæстæджы ных- мæлæууæгыл стыр зиæнттæ æрцыдис. Æфсæнвæндаджы хах- 35!
мæ бабырсгæйæ, таикисттæ алыг кодтой ныхмæлæууæджы коммуникаци, йе ’фоæдтыл управлени кæныны системæ Дын фехæлдтой æмæ немыцæгтæн фæстæмæ алæууыны тыххæй сæ фæндаг .æрæхгæдтой. Танкæты фæдыл цы фистæг æфсад цьт- дис, уыдон куынæг кодтой ныхмæлæууæджы гарнизонты. Иу районы знаг нæ ныхма) рарвыста 60 танкæпы, уыцы нымæцы, «Армштуртæ» кæй хуыдтой, уыдонæй 10. Ныхм-æлæу- уæгæй цы хъæу ссæрибар кодтам, уырдыгæй кæсгæйæ федтам, ’ацы «Армштурмтыл» цы ’рцыдис, уый. Уыдонæй сæ иуыл нæ сармадзанты нæмгуытæ комкоммæ сæмбæлдысты æмæ йæ сар- мадзаны дзых пæ фарсыл- батъæпæн, иннæмæн та йæ сæр ныппырхи. Карз тохы рæстæджы хистæр лейтенант Захарченкойы танкæйы хæстон æрмæг ’фесты. Захарченко бардзырд радта танкистæн, цæмæн бацæуа таранæй знаджы танкæйы ныхмæ. Нырма уал танкæ иуырдæм цæрдæг фæзылдис, йæхи фæтылиф кодта, стæй фæрсырдыгæй ныццавта гуырымыхъ «Армштур- мы», йæ цæлхытæ хæрдмæ фæхъил сты æмæ арф æрхы ных- хаудта, / - • Уый фæстæ Захарченко æндæр фашистон машинæйы фæ- дыл бафтыд æмæ йæ скуынæг кодта ныхкъуырæн хайæ. Хæлд танкæйæ рагæппытæ кодтоп немыцæгтæ. Сæ иу уыди майор, батальоны кома’ндир, иннæ та — штабычхистæр. Фарстайы рæстæджы немыцаг уацайраг майор хъаст кæныныл схæцыд. — Уæ танкисттæ нæ фæсайдтой, — фæлхатт кодта уый,— уыдон сæхи афтæ равдыстой, цыма ныхкъуырæн атакæйы цæ* уъшц, цæвгæ та нæ ныккодтой фæрсырдыгæй. Уыцы тохы дыууæ сахат оемæ æрдæджы мидæг 60 *немы- . цаг танкæйæ куынæг æрцыдис 54. Иу танкæйы командæ арф æрхы бафиппайдта знаджы фистæг æфсады тыгуырæй. Гитлерон салдæттæ уыдысты ЗОО-Ла1 фо1лдæр. Танк сæ ныхмæ афсæрста фахсыл. Нæ танчы кæлм- дзæлхыты бын цъист æмæ автоматчиктæ-десантты æхстæй куы- нæг æрцыдысты.сæдæйы бæрц немыцаг салдæттæ, иннæтæ сæ- хи уацары радтой. \ . Немыцæгтæ тыхджын ныхмæ лæууынц алы хъæуы, алы хуторы, æгæрстæмæй, алы сисы фæстæ дæр, аразынц танкæты ныхмæ бабадтытæ. Иу хъæу цалдæр хатты къухæй-къухмæ цыдис. Уыдис ахæм моменттæ,: æмæ-иу хъæуы æрдæг мах къу- хы уыдис, йе ’ннæ ’рдæг та ныхмæлæууæджы къухы. Танкист- тæн æмæ æхсæг-десантæн •' æххуысмæ фæзындысты нæ ма- - шинæтæ, Знаг дæрæн æрцыд. .у»г;: ) Зассейы фырты командæйьг бьш цы танкæтæ уыдис, уыдон хæрхæмбæлд фесты- ныхмæлæууæджы фылдæр тыхтыл. Зна- джы ныхмæлæуд минутæй-минутмæ тынгæй-тынгдæр кодта. Фæлæ танкпсттæ фæстæмæ нæ алæууыдысты. Командир сфæнд кодта ахсджиаг позицийæ спайда мæнын. Уым æрывæрдта, йæ 352'
ганкисттæ знагæй цы зенитон сармадзантæ байстой, уыдоны. Уыцы позицийæ гæнæн уыдис, комкоммæ æхстаиккой мемы’- цæгты, уыдон стыгуыр сты иу чысыл’ фадыджы. Зассейы фырт ныхмæлæууæгмæ барвыста минæвар немы- Цаг уацайраджы ахæм дзырдæй, цæмæй сæхи уацары радтой. Снысангонд æмгъуыдмæ гитлеронтæ дзуапп нæ -радтой. Уæд команднр бардзырд радта, цæмæй æхсын райдайой трофейон зеннткæтæй. Немыцæгтæ сæхи фæйнæрдæм аппæрстой, нæмгуы- тæ сыл ихуарæгау æмбæлдысты, фæлæ сеппæт дæр сæ мæлæт ссардтои. Советон фистæг æфсад, танкæты фæдыл цæугæйæ, куынæг ки-нын куы райдайынц немыцаг гарнизонты, уæд нæ танкиоттæ февзæрынц знаджы фæсчъылдым æмæ нæ фистæг æфсæдтæн айгæрдынц фæндаг. Бæхджын æфсад æнæгъгъæлæджы бабырстыты руаджы ныхмæлæууæджы йæ позицийæ суры, æмæ немыцæгты ных- мæлæуд кæм стыхджын вæййы, уырдæм нæ танкæтæ æххуыс- МÆ фæзынынц. Нæ танкæйон дæлхæйттæ халынц æмæ куынæг кæнынц знаджы фидарарæзт æнцойгæнæн пункттæ. 'Фронты танкæйон тохтæ, знаджы фæсчъылдым батыдты- тæ æмæ цæфтæ дарддæр цæуынц æнæсцухæй æмæ нæ къух- ты æфтЫ ног æнтыстытæ. ’ • Воронежы фрошт. 1943 азы 4 февраль. ЗЗссегы Викторæн ахæм сгуыхтдзинæдтæ кæй- уыд, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд дæлбулкъоны чин æмæ хорзæх- джын æрцыд Сырх Тырысайы орденæй. Йæ мад æмæ йæ хойы цинæн кæрон нæ уыди, ахæм æх- сызгон хабар газеты куы бакастысты, уæд, æмæ æнхъæлмæ кастысты, зæгъгæ та сæм Виктор ныффысдзæи фыстæг. Фæлæ къорд мæптæ рацыд æмæ сæ уарзон Викторæй ницы уал бæ- рæг ныхас фехъуыстой. Викторæн йæ хо Ленæйы æмкъай Желудев Иван дæр фронты уыдис, æмæ йæм фыстой, цæмæй бацагура Викторы, кæм ис, цы фæцис, цæмæннæ уал дзы исты бæрæг ис. Желудев Иван куырдга йæ фыстæджыты танкæйон ди- вчзийы штабæй, цæмæй йын фехъусын кæной булкъон Зас- сегы Викторы хъысмæты тыххæй. 1944 азы 26 августы таикæйон дивизийы штабы хистæр С. Ф. Данченко Желудев Иванмæ быдырон почтæ 45331 фыста: «1-аг Белоруссаг фронтæй дын æрвитын салæмттæ. Рай- стон дæ фыстæг <æмæ дын хъусын кæнын, куыд Зассеты В. Г. 1943 азы марты, ды йæ кæм хуыдтай, уым баззади. Нæ хъыс- мæт базоныныл архайдтон, фæлæ мæ къухы ницы б#афтыдис, нырма дæр у æбæрæг, æнæзындгонд. ’ Марты Сырх Тырысайы орден кæй райста, уый æцæг у, æз ын ач’"! 1943 азы 8 марты мæхæдæг æрластон, фæлæ йыл 23* 353
1943 азы 14 марты цы хабар сæмбæлд, уымæн абоны онг дæр» иицыма зонын». Советон Цæдисы Маршал К. С. Москаленко йæ мысинæгты чиныджы Зассеты Викторы тыххæй афтæ фыссы: «Харьков соæрибар кæныны сæрыл тохты хъæбатыр æпг дауæй мард фæци 86-æм танкæйон бригады командир, дæл- булкъон Зассеты В. Г. Æз уый зыдтон хæсты размæ азты дæр„ Уæд мах иумæ службæ кодтам Дард Хурскæсæны. Уый уыдис йæ нацимæ гæсгæ ирон, хæххон, зондджын æмæ æхсарджын адæмы фырт, коммунист, нæ социалистон Райгуырæн бæстæ- йы цæхæрзæрдæ патриот. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, кавказаг адæм тæлтæг сты. Ахæм уыди Зассеты Виктор Георгийы фырг дæр. Фæлæ ма уымæй дарддæр уый уыди стыр хиуылхæцгæг фидар æмæ стыр зонды хицау дæр. Уый иттæг арæхстджынæи архайдта йæ танкæйон бригадæимæ Острогожы-Россошы^ Воронежы-Касторискы операцийы, Харьков ссæрибар кæньшьг сæрыл тохты. Ацы горæты уынгтæй сæ иуы дæлбулкъон Зас- сейы фырт мард фæци, фашисттæ кæй басыгътой, уыцы тан- кæйы. Æнусоп кад хъæбатырæн!». Зассеты Георгийы фырт Виктор райгуырдис 1907 азы, Цхинвалы горæты, мæгуыр бинонты ’хсæн. 1920 азы меньше- викты ныхмæ тохкæнгæйæ, йæ фыд Георги мæлæтдзаг цæф фæцис. Виктор æмæ йæ хо Ленæ сæ мадьк’вджид баззадысты, сидзæрæй хъомыл кодтой, Советон хицауады фæрцы скъолатæ каст фесты. Викторы хо Ленæ цæры Цхинвалы, сæ мад Анич- кæ 1957 азы амард. Викторæн баззад дыууæ лæппуйы. Хис- тæр кусы Киевы горæты драмон театртæй сæ иуы артистæй^ кæстæр та цæры æмæ кусы Тбилисы. ^г
Гаглойты Владимир МЫСЫ ЗÆРДÆ, РИССЫ ЗÆРДÆ ы мæ домыс, цæмæй дын мæ тохы хабæрттæй исты паутæ радзурон... Стыр зæрдиагæй дын баххæст кæшш дæ фæндон, фæлæ мын ныххатыр кæи... Раджы фæци хæст, раджы уыдысты, ды мæ цы хабæрттæй фæрсынмæ хъайыс, уыдон æмæ рæстмæ нал лæууынц зæрдæйыл. Стæй ма, æниу, кæй хъæуы аивгъуыйгæ уæззау æвирхъау хабæртты сног кæныны сæр. Хатт адæймаджы зæрдæйыл æрлæууынц, æмæ фæриссы. Дунейы фарн мауал зæгъæд ахæм æвирхъау хæст... Æниу дзы кæд æнæдзургæ гæнæн нал ис, уæд мæм хъус. Æз дын радзурдзынæн, æрмæстдæр ма мæ зæрдæйыл цы лæууы, æмæ, æвæццæгæн, цæрæибонтæм мæнæй цы нæ уал ферох уыдзæн, ахæм цалдæр цауы, — æрæджиау мын сразы пс Зассеты Джи- найы фырт Герсац мæ куырдиатыл. Стæй арф ныхъхъуыды кодта, рагон хъуыддæгтæ цæмæй бæлвырд-бæрæгæй æрымыса, уый тыххæй æмæ сабыргай райдыдта: 1. ЗНАДЖЫ ТАНКÆИМÆ ТОХ — Хæсты чи уыд æмæ мæлæтимæ ныхæй-ныхМæ чи сæм- бæлд, уыдон хатт куы фæрсай, уæд дын сæрыстырæй райдай: дзысты ,дзурын, ома æз ницæмæй тæрсын, зæгъгæ, нæ дæр ?.нагæй, нæ дæр^мæлæтæй. Мæнмæ гæсгæ, афтæ чц дзуры, уы- дон сæхицæй æппæлынц. Комкоммæ дын зæгъон: дез уыцы тас банкъардтон, фьтццаг хатт хæсты быдыры знаджы танкæимæ ныхæй-ныхмæ куы сымбæлдтæн, йеуæд. Уыцы хабар та уыдис афтæ: раст дын куы зæгъон, уæд уый размæ тохты иу æмæ 355
Гсрсан Виктор Ладикъо Уаскъа 350
дыууæ хатты нæ фембæлдтæн ныхæй-ныхмæ знаджы тапкæти- мæ. Цæгат Кавказы зæхх, Мæздæджы цурæй райдыдта мæ хæстон тохты фæидаг. Цалдæр хатты фæцæф дæн, æмæ та-иу бахаудтæи рынчындонмæ. Рынчындонæй рацæугæйæ-иу, хатт бафтыдтæн мæхи æфсæддон хаймæ, хатт та-иу æчдæр хаймæ.. Афтæмæй хæцгæ æрхæццæ дæн Новгороды горæты цурмæ. Уыцы тас дæр уым банкъардтон. Хабар та уыд 1944 азы фев- ралы фыццаг боиты. 198 æхсæг полчы батальопта>й сæ иуæи. сарæзтæуыд лыжæтыл бырджыты батальон. Уыцы батальоны рæнхъоп салдат уыдтæн æз дæр. Фæсахсæвæртæм æввахс бар- дзырд райстам, цæмæй ахизæм фронты сæрты æмæ зиагæн йæ фæсчъылдымы схæццæ кæнæм йе ’фсæддон хайы, æмæ уый æмрæстæджы пыппырх кæиæм горæтмæ бацæуæи æфсæйиаг хид. Бон дзир-дзур кодта, афтæ уыдыстæм пысапгонд бынатьг. Æрывнæлдтам нæ хæс æххæст кæиынмæ. Фæлæ нæ хæс, мах куыд æнхъæлдтам, уымæй цалдæр хатты зыидæр æмæ тæссаг- дæр разынд. Советон æфсæдтæ куыд хæстæгдæр кодтой, афтæ фашисттæ тыпгдæр фидаркæнын райдыдтой горæтмæ æрба- цæуæнтæ. Æмæ махæп цы хид фехалын бахæс чындæуыд, уы- цы хиды хъахъхъæиджыты нымæц дæр фæфылдæр. Афтæмæйг пын тох бацайдагъ. Тох та карз æмæ æвирхъау уыдис. Æцæг кæд нымæцæй немыцæгтæ фылдæр æмæ тыхджыидæр уыдыс- ты, уæддæр сыл пæхи æнæнхъæлæджы куы ныццавтам, уæд æттæг-мидæг ауадысты. Мах уыцы хъуыддагæй спанца код- там æмæ нæ иутæ хиды бын минæтæ æвæрыныл фесты, апнæ- тæ та немыцæгтимæ тохы бацыдысты. Гъе, фæлæ хиды бып минæтæ æвæрыимæ чи ацыд, уыдон хъуыддагæй ницы рауад. Иемыцæгтæ æгæр тагъд æрцыдысты се ’муд æмæ иæ мннæтæ- æвæрджытæ нысан быиатмæ хæццæ дæр нæ баисты, афтæмæй мард фесты. Дзæбæх æрбабоп. Иæ хъуыддаг къуыхцы райдыдта, уын куы бамбæрстам, уæд ма фæстæмæ алæууыныл бæргæ ацар- хайдтам, фæлæ байрæджы. Знаг нæ алы фарс, æфсæниаг тæ- лыйау, æртыхстц. Аирвæзынæн ма æрмæстдæр нупæг амал баззад: кæнæ æрхъула атонын, кæнæ та цалынмæ махуаттæ размæбырсты рацæуой, уæдмæ фæстаг нæмыджы онг тох кæнын. Фыццаг амалæн сыххæстгæнæп нæ уыд. Тох кæньш хъуыд фæстаг нæмыджы онг. Уадидæгæн нын нæ комаидир бардзырд радта æмæ хъавæи бынæттæ æрцахстам. Мæнмæ уыд къухын пулемет. Æвæджиау тох нын бацайдагъ, фæхæ- цыдыстæм цалдæр сахаты бæрц. Дыууæрдыгæй дæр пыл цыд уæззау знæпттæ. Уалынмæ дын^ немыцаг танкæ нæтæккæ ’хсæн куы фæзынид, æмаз комкоммæ дæр нæ пулеметы зынгмяр- пæхи куы ска}нйд. Быры æмæ быры, мæ нæмгуытæ йыл æм- бæлынц, йæ фидар систыл атъæпæн вæййынц æмæ фесхъиуынц фæйнæрдæм. Раст зæгъгæйæ, псмыцаг танчы æпæпхъæлæджы 357
фæзындæй фæкуыддæр дæн. Куыд хæстæг мæм кодта, афтæ цыдæр тас ме ,уæпгты тынгдæр бæттын куы райдаид. Мæ сæры хъуын арц сбадт, мæ цæстытыл æнахуыр диссæгтæ ауади. Иу- дзырдæй, фæтарстæн, чысыл ма бахъæуа, мæ пулемет фæуа- дзон. Ахæм ми куы бакодтаин, уæд канд мæхи’нæ, фæлæ ба- бын кодтаип ме ’мбæлтты иууылдæр. Танк куы ’рбаирвæзтаид, уæд æвзæр уыд нæ хабар. Æмæ дын мæ сæры фæзынд дисса- джы хъуыды: уадидæгæн æртæ гранаты кæрæдзийыл абастон. Немыцаг танк быры æмæ быры тæккæдæр ме ’рдæм. Чысыл ма æмæ мын мæ пулемет йæ быны ассæнддзæн. Æз айтæ-уйтæ нал фæкодтон. Гранатты баст дын немыцаг танкæйы бын куы смидæг кæнин. Æвирхъау нæрд фехъуыст. Немыцаг танкæйыл арт сирвæзт æмæ ма йæ бынатæй удисæджы хъуырдухæн кæны, Уалынджы фегом танкæйы люк. Немыцаг танкæскъæрджытæ иугай сгæппытæ кодтой, фæлæ сæ адзал ссардтой уыдон дæр. Немыцаг танкæи йæ пиллон куы ахуыссыд, уæд аивæй ба- бырыдтæн æд пулемет танчы бынмæ æмæ уырдыгæй æхстон, пемыцæгтæй-иу махæрдæм чи рахъавыд, уыдоны. Уæдмæ нæм æххуыс фæзынд нæхиуæттæй. Хид фехалыны сæр нæ нал бахъуыд, немыцæгтæ æрхъулайы бахауынæй фæ- тарстысты æмæ лидзыныл фесты. Мах дæр сæ сырдтам фæс- тийæ. Немыцаг танчы кæй ныппырх кодтон, уый тыххæй мæ стыр райгондæй баззадис нæ полчы командир. 2. СÆР ДÆ БАХЪУЫД, - ÆНХЪÆЛМÆ МА КÆС Уыцы хабар та уыди 1944 азы апрелы мæйы. Псковы го- рæтмæ бацæуæнты цы карз тохтæ уыд, уыцы тохтæй сæ.иуы сармадзапы иæмыджы схъисæй фæцæфис мæ рус, бахъыгдар- дæуыд дæпдæгты дæр. Рынчындонæй рацæуыпы фæстæ мæ снысан кодтой 225 æхсæг дпвизийы 299 полчы æфсæддон дæл- хæйттæй сæ иуы взводы командирæй æмæ нын нæ разы æры- гæрдтой ахсджиаг хæс: знаджы хъахъхъæдадон хахх батонын. Рагацау нæ базонгæ кодтой, уый размæ ныббырсты махæй алчи дæр цы араздзæпис, уыимæ. Махæй знаджы позициты æх- сæн уыд чысыл къада. Знаг æхста къадайы уæлвонгдæр ранмæ хъæдгæронæй. Аходæнафон уыдаид, афтæ хæстæг баиыдыстæм знаджы раз- паг познцитæм азмæ нæхи æрцæттæ кодтам атакæйы ацæ- уыпмæ. Уадидæгæн пыпнæрыд иæ артиллери. Æхст куы ’рсабыр, уæд пæ фистæг æфсæддон хæйттæ, уыдон пымæцы ме взвод дæр, ацыдыстæм атакæйы. Джебогъæй тох бацыдис йæ тæккæ тæмæны, афтæ нæ ротæйы командир, кæстæр лейтенант Соко- лов æнæпхъæлæджы мард фæци. Джебогъæй тох афтæ æвйр- хъау уыдис æмæ нæ рахатыдтам, нæ командир , уæззау цæф у/æй фæцп, уый. Стæй тох мах пайдайæн куы кодта æмæ ма 358
знæгтæй удæгас чи баззад, уыдон фæстæмæ лидзыныл куы ар- ^айдтой, уæд базыдтам иæ комаидиры хабар. Исдуг куыддæр .рæдыгъуырццæгыстæм, хъуыд цыфæнды амалæй дæр тæккæ уыцы уысм знаджы фæстийæ сурын... Æз айтæ-уйтæ нал фæ- кодтон. Æмæ ротæйыл комаццæкæнынады хæс мæхимæ айстон. Мæ фæдыл уыцы иу згъорд акодтой, знаджы фæстийæ сургæйæ, нæ ротæйы хæстонтæ, знагæи иу минут дæр æрулæф- 1Ы рæстæг нæ дæтгæйæ, уымæн стыр зиæнттæ хæсгæйæ. Уыцы юхы мидæг знаг хæсты быдыры ныууагъта фæндзай адæйма- джы марды, æртыи цæфы, фынддæс та дзы уацары ракодтам. 3. ЛÆДЖЫГЪÆДÆН БИРÆ НÆ ХЪÆУЫ Уый уыдис августы фыццаг æрдæджы 1944 азы Эстонийы. Иæ полкæн бахæс æрцыд знаджы позицитæй иу фадьтг бато- пын. Махæн та нæ тыхтæ уый размæйы дæргъвæтин карз тох- чы фæстæ тынг сихсыдысты, ног тыхтæ нæма райстам. Хъуамæ хи тыхтæй сæххæсткодтаиккам бардзырд. Гъе, уый тыххæй нæ иолчы командир æрхъуыды кодта хин ми. Иу фадыджы ра- ^æрдта, ме взвод цы ротæйы уыдис, уыцы ротæйы, мах хъуамæ тох бацандагъ кæнæм знагæн. Цæмæй йæ сæйрагтыхтæ махы- рдæм скæна, æмæ полчы иннæ хæйттæ та, знаг æнхъæл куыд пæ уа, афтæ, дыууæ флапджы ’рдыгæй фæцæф кæной ныхмæ- лæуу&джы, атоной йын йæ хъахъхъæнынад æмæ йæ кæнæ ли- дзинаг фæкæной, кæнæ та йæ æрхъулайы хъуамæ баппарой. Куыддæр æрталынг, афтæ дын мах ротæ, сæйраг фæцæфы тыххæй, кæй рахицæн кодтой, уый йæхи ныццавта знаджы раззаг позицийыл. Тох афтæ æнæнхъæлæджы уыд æмæ знæг- тæ афтæ фенхъæлдтой, æрхъулайы бахаудтой æмæ раззаг по- зицитæй, фæстæмæ лидзыныл фесты. Нæ ротæ бацахста обау æмæ уырдыгæй æхсын райдыдта знæгты. Æхстам, нысан иæ ясгæйæ, уымæн æмæ нæ хæс уый мидæг уыд, цæмæй знаджы хъусдард нæхнмæ аздахæм. Æмæ, æцæгдæр, иу æрдæг сахаты фæстæ знаджы артиллери ихуарæгау нызгъæлста, нæ ротæ цы обауыл æрфидар, уырдæм. Æхст нæ банцад суанг райсом- мæ. Райсомы ’рдæм знæгтæ контратакæйы рацыдысты, бантыст сын нæ хъахъхъæдады галиуæрдыгæй æрбатонын. Æз мæ хæстонты акъоппыты фæуагътон æмæ мæхи байстон, иемыцæг- тæ кæм.фæзындысты, уыцырдæм. Æрныгъуылдтæн иу ран: кæ- <%ын, тыхамæлттæй рахатыдтоп, уæртæ цалдæр немыцаджы кæрæдзи фадатд æрбабырынц уæлæнгай къахт акъоппы мах- ^ердæм. \ Æнхъæлмæ’ кæсæн нал уыд: фæд-фæдыл сыл танкæты пыхмæ.' хæцæн гранаттæ бахстон, цалдæрæй акъоппæй нал <))езмæлыдысты. Иннæтæ лидзыныл фесты. Æз дæр сыл фæс- тийæ мæ хæда^хс куы суадзин. 359
Уыцырдыгæй тох фæсабыр, фæлæ иннæрдыгæй сытынг.. Ныр, куыд бамбæрстон, афтæмæй ныл зиæгтæ æрхъула кæцы- ны фæнд кодтой. Мæхи та аппæрстон уыцырдæм. Æххуыснæм иикæцæй цыд, уымæн æмæ пе ’фсæддон хаймæ æндæр фæнд. уыд: знагыл бынтондæр æрхъула кæнын. Уый тыххæй тох кæ- нын хъуыд цыфæпды амалæй дæр. Гранаттæ та дын куы ныз- гъаликкам уыцырдæм дæр. Фæлæ немыц тыхджындæр разын- дысты, пæ акъопмæ сыи æрбаирвæзын бантыст. Æз цы акъоппы уыдтæн, уырдæм дын иу бæрзонд, арсьт хуызæн бур иемыцаг куы ’рбырид. Дзырд дæр ыл нæй, лæгæй- лæгмæ йып пицы ракодтаин, хиндзинадæй куы нæ фæцарæхс- таип, уæд. Æмæ фæцарæхстæн. Куыддæр дын мæ ацахста,* гфтæ йын æз дæр мæ тых, мæ бонæй мæ хъæбæр цырыхъхъы бырынкъæй пæ артæнтæ куы срæхоин. Цæф ахæм ран сæм- бæлд, æмæ дын мæ немыцаг куы феуæгъд кæнид. Æз айтæ- уйтæ нал фæкодтон, фæлæ йыл автомат куы суадзин. Лæг æр- фæлдæхт. Æниу фæцырд æмæ лæгдзинадæн бирæ нæ хъæуы. Дыккаг боп сихормæ ахастой тохтæ. Стæй ма немыцæгтæй удæгас чи баззад, уыдоны иæ гюлк уацары райста æмæ хæст ныссабырис рæстæгмæ. Фæуæлахиз стæм, нæхипæй æртæ хат- ты фылдæр чи уыд, уыцы фыдгул знагыл. 4. «ÆВЗАГ» Никуы мæ ферох уыдзæн уыцы хабар. Уыд фæззыгон уа- ?ал æхсæв. Хуылыдз, допдыппыр мигътæ сæхи ныллæг æр- уагътой тар хъæды сæрмæ. Цыдыстæм кæрæдзи фæдыл тар хъæды æртæйæ знаджы раззаг позицитæм. Цыфæнды амалæй дæр хъуамæ «æвзаг» ссарæм. Ахæм уыд бардзырд. Дзæвгар ауадыстæм хъæды. Уалынмæ хъæд фæци æмæ бахаудтам иу адаггонд^мæ. Чысыл аулæфæм, зæгъгæ, æрбадгыстæм. Зæххыд сау мигътæ нындæгъдысты æмæ зын рахатæн уыд, цафон уыд, уый. Сахат мæм бæргæ уыд, фæлæ ацу æмæ бауæнд рухс скæ- пып. Аулæфыдыстæм æмæ та аивæй хъавгæ-хъавгæ цæуæм дзрддæр. Уалынджы не ’мбал, нæ разæй чи цыд, уый дын куы фæкæлид æмæ зæххыл куы сымбæлид. Цыдæр йæ къахыл атыхст. Дзæбæхдæр æй æрысгæрстам. Тел. Телы фæдыл тæккæ хъæды дзыхмæ бацыдыстæм æмæ дын æй уым куы алыг кæ- ииккам. Нæхæдæг æрбадтыстæм æмæ æнхъæлмæ кæсын рай- дыдтам. Райсом бон дзир-дзур кодта, афтæ иу тæнтъихæг,. бурдзалыг салдат фæзынди. Куыддæр тел баиу кæнон, зæгъгæ, загъта, афтæ дын ыл æмбæхст ранæй нæхи куы ныццæвиккам, сбастам æй. Фæлæ æгæр сбон æмæ тас уыдис пемыцæгтæ нæ. куы бафиппайдтаиккой, уымæй. Хъæды хуылфмæ нæхи байс" там æмæ уым æрæмбæхстыстæм. Уыцы бон уым баззадыстæм- Æ^æ куыддæр æрталынг, афтæ, æрбахызтыстæм фæстæдоæ фронты раззаг хаххы сæрты. ’ 360
Æвæццæгæн, хæсты быдыры хуызæи никуы банкъардтон парды ад. Ай-ай, уый размæ йыл афтæ бæстон никуы ахъуыды кодтои. Æмæ дын, раст куы зæгъон, æвæццæгæн, сæрæгасæй дæр уымæп æрæздæхтæн, цард мын афтæ адджын æмæ зы- изргъ кæй уыди. Мæнмæ гæсгæ канд знаджы амарыи нæу сæйраг, фæлæ ма хи цард бахнзын дæр. Хатт рауайы афтæ, æмæ æнæхъуаджы, æнæ раиы æмæ æнæ нысан хъуыддаджы мндæг лæг йæхи февдисы. Æмæ хатт бабын вæййы, бынтон дзæгъæл мард акæны. Цард хæсты быдыры куы бахъæуа, \æд æй хъуамæ снывопд кæнай афтæ, исты иысаниуæг* ып куыд уа. Бирæ хæттыты лæууыдтæн, цардæй мæлæты æхсæн. цы ауæдз ис, ууыл. Фæлæ мæ мæлæт пикуы айста. Фьщцаг хæ- цыдтæн Цæгат Кавказы фронты 12 гвардиои кавказаг хъа- захъхъæгты дивизийы сконды, стæй та 198 æхсæг дивизийы сконды хæцыдтæп Волховы фронты, уыдтæн 225 æхсæг диви- зийы 299 æхсæг полчы Ленинграды æмæ Прибалтиказйы фронтты, фæстæдæр та хæцыдтæн Смоленскы Сырхтырыса- джыи, Суворовы орденджып 4 гвардион мотоæхсæг дивизийы рæпхъыты. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райстон Фыдыбæстæйон Хæс- ты æмæ Сырх Стъалыйы ордентæ, Хъæбатырдзппады тыххæн майдан, æниу мæм майдантæ дзæвгар ис. Æрыздæхтæн мæ райгуырæн уæзæгмæ, уæдæй нырмæ ку- сын Ожорайы райдиан скъолайы гæсæй. Райгуырдтæн Зна- уыры районы Уахтъанайы хъæуы. Иыр 30 азæй фылдæр та кусыи ахуыргæнæгæй. Гъе, уый дын мæ хабæрттæ, мæ хæлар. Гъе, афтæ, мæ хур, каид æз пæ, — ме ’фсымрæтæ мемæ, цыппарæй, уыдыстæм хæсты, фæлæ мып мæхн зынтæ уый бæрц нæ фæриссын кодтой мæ зæрдæ, ме ’феымæртæ Виктор, Уаскъа æмæ Ладикъойы маст мын цас хъыгдзинад æрхастой. Виктор, мæ хистæр æфсымæр, хъæбатырæй тох кодта Цæгат Кавказы зæххыл, Мииводы, Цятпгорскы ссæрибар кæныпы сæрыл карз тохты, стæй Кубанмæ æввахс æрхаудта знаджы пæмыгæй. Афтæ уыд Уаскъайы хъысмæт дæр. Уаскъайы хъа^- батырдзинады ты^схæй арæх фыстой уыцы боиты Ма^скуыйы газеттæ, уыд пулеметæй æ^сæг.' Иу карз тохы знæгтæй й»æ пуле- метæй скуынæг кодта сæдæйы бæрц фашистои сырды. Радтой йыи хæстон хорзæх. Фæстаг хатт ма фыста?г ;прырвыста 1943 азы, стæй æбæрæг сæфт фæкодта. Мæ кæстæр æфсымæр Ладикъо та тох кодта Клухоры æфцæджы рахизæнты знæгты ныддæрæн кажыны операциты, стæй мард фæци уый дæр. Афтæ, цыппар æфсымæрæй ма æз æрыздæхтæп. Мысы зæрдæ, риссы зæрдæ мав сахъ æфсымæртыл, фæлæ сæрыстыр, дæн уæддæр ме ’фсымæртæй. Куы бахъуыд сæр, уæд уыдои дæр равдыстой æхсар æмæ лæгдзииад. А
Фæрниаты Дзибуш ЦÆСТЫ РУХС I æсты рухс нал ис. Батар ыл ис дуне. Цы ма уа уы- мæй æвирхъаудæр! Фæлæ Ладикъо йæхимæ иæ ныккаст, зæр- дæдзурыиты нæ фæци. Иæ фырты фырттæ хорз сабитæ сты. Скъоламæ цæуынхъом сæ ничима у. Ладикъо зоны, сывæллон скъолама^ бацæуыны агъоммæ хæдзары цы зонд, цы хъомылад ранса, уымæн адæймаджы дарддæры царды цы егъау ахадын- дзинад ис, уып. Чысыл Тамерлан æмæ Эльбрус сæ куырм фы- ды фыдæн йæ фæйнæ къухыл иыххæцынц æмæ ацæуынц фæс- хьæумæ, цъæх фæзмæ, сæрвæттæм, хъæдбыитазм... Алцæмæй дæр æй фæрсынц. Уый сын дзуапп дæтты. Амоны сын уырысса- гау алцæйы ном дæр. Ахуыр сæ кæны арифметикæйыл, иронау æмæ уырыссагау нымайын. Кæны сын таурæгътæ, аргъæуттæ. Зæгъойты Ладикъойæн газеты, чиныджы кæсæн нал ис. Фæлæ уый хыгъд æдзухдæр хъусы радиомæ. Радио сси йæ хуыздæр æххуысгæнæг, йæ царды æмбал. Диссаджы зæрдæ- ргъ’æвд адæнмаг у. Цыдæриддæр фехъуса, ницы дзы рох кæны. Æма^, ома радномæ йæхи ирхæфсыны тыххæй фæхъусы? Нæ, 362
канд йæхи тыххæй нæ. Уынгмæ куы рацæуы, уæд сыхæгтæ зæ- рондæй-ногæй, усæй-лæгæй йæ алыварс амбырд вæййынц. Алы хатт дæр сын радзуры дунеон уавæры тыххæй, бæстæйы ног хабæрттæ. — Уагæры ма йыл цæстытæ куы уаид, уæд, цымæ, цахæм лæг уаид? — арæх фæдзурынц Сунжæйы Ладикъойы зонгæ- тæ æмæ сыхæгтæ. Æмæ радзурæм, цæстытæ йын куы уыд, алы хъуыддагмæ дæр комкоммæ куы каст, уæд цы лæг уыд, уый тыххæй. Æрмæстдæр Советон хицауады азты фæцис Ладцкъойæн пæ къухы скъоламæ бацæуыны фадат. Каст фæцис Цхинвалы педтехникум. Куыста ахуыргæиæгæй Къуыдаргомы, Часавалы, Уалыты хъæуы, Котантойы. 1937 азы йæ арвыстой партийы Дзауы райкоммæ инструк: ’орæй, стæй та йæ равзæрстой секретарæй. Уый фæстæ та погæй — ахуыры азтæ. Каст фæцис Телауы фистæг æфсады ахуыргæнæидон, стæй та Бакойы æфсæддон-политикон къур- еытæ. 1941 азы райдыдта Фыдыбæстæйы хæст. Зæгъойты Лади- къойы сæвæрдтой полчы къамисарæй. 1942 аз. Керчы уæззау хæстытæ. Знаг уыд йæ тæккæ то- хыл. Флот, авиаци, фистæг æфсад бырстой размæ. Полчы ко- мандир Гегечкори фæмард. Ладикъо йæхæдæг фæцæф. Фæлæ нæ ныууагъта хæсты быдыр, полк рахизыи кодта «Стыр зæхмæ». Санчары æфцæг. Дыууæ мæйы дæргъы къамисар Зæгъойы фырт æмæ йе ’мбæлттæ æхсæвæй-боиæй æнæнцой хъахъхъæд- той Санчары бæрзæндтæ. Ирон адæмы фырттæй ам фæмард батальоны къамисар Сиукъаты Къоста, фæмард сты лейтенант Джабпты Сергей, Безанты Валодя, политрук Гогебашвили, къамисар Кожухов... Уæззау цæф фæцис ротæйы командир Ко- заты Гаврил. Фæцæф та Ладикъо йæхæдæг дæр, фæлæ тох нæ ныууагъта. Зеленчук. Ладикъо та погæй фæцæф. Фæлæ рыичып бирæ* иа? ахаста. Ногæп та йæ полчимæ — фронты. Немыц схæццæ сты Цыколамæ. Бомбæтæ калынц Змейкæ- йыл, Кæрдзыныл. Зæрдæхалæн æмбу кодтой сармадзантæ. Зæгъойы фырт нæ полчимæ хъахъхъæдта Дур-Дуры доны былтæ. Фондз боны дæргъы цыдис карз хæстытæ. Немы- цы танкæтæ бырстой Ирыстоны зæхмæ. Дæсгæйттæ дзы пырх æмæ сыгъд æрцыдысты. Ладикъо кæддæр Дыгуры æххуырст кæй уыд, уый йык баххуыс кодта. Зыдта хъæутæ, фæндæгтæ, рацæуæптæ. Стыр тохты фæстæ Сырх Дыгуры бынты ратыдтой. Знаджы къæппæ- гæй раирвæзтысты. Фæлаэ полкыл æрцыд стыр зиан: фæмард йæ командир майор Коробов. Ладикъо та Тæмисчы цур фæ- цæф. Æрвыстой йæ Фæскавказмæ, фа\лæ пæ акуымдта: 363
— Ирыстон арты куы судзы, сæр нæ иыр куы бахъуыд, \æд æз та резервмæ ацæуон! Ногæй — тохы артдзæст. Капитан Зæгъойы фырт арæхст- джынæй разамынд дæтты хæстоитæн. Тынг æй уарзтой салдæт- * тæ. Лæджы сæр кæм хъуыд, унш йæхи никуы фегад кодта. Уыдис ахæм хабар. Бирæгъзæнджы фæстæ хъæды Лади- къо бæрæг кодта, немыц сæхи цы рæтты æрфидар кодтой, уый. Иемæ ма уыд 15 салдаты. Цыдысты сабыр, хъавгæ. Уыд фæз- зæг. Сыфтæр азгъæлд, алы къахдзæфæй, алы хус сыфтæры уыиæрæй дæр тæссаг уыд, немыц сæ куы базыдтаиккой, уы- мæй. Æвиппайды ауыдтой: хъæды астæу нæудзармыл сæхп æруагътой фашисттæ, улæфынц. — Ам зондæй архайын хъæуы, — загъта сабыргай къами’- сар салдæттæн. Ацамыдта сыи фæйнæрдæм. Салдæттæ фæпырх сты æмæ бæлæсты аууæтты хæстæввонгæй æрхуыссыдысты. Къамисар пæхæдæг стыр бæласы аууон слæууыд. — Батальон, хъус мæ командæмæ. Æрхъула кæнут зна- 1ыл ротæгай æртæрдыгæй, — командæ кæны Загъойы фырт. Немыц фергъуыйау сты. Базмæлыдысты. Дзолгъо-молгъо, хъæртæ. — Сымахыл æрхъула кодта советон батальои. — Уæхи радтут, пауæд уæ иыццæгъддзыстæм! — барт- хъирæн сæм кодта къамисар. Стæй ма йæ ныхасмæ бафтыд- та: — Уырыссагау уæ чи зоны, уый 20 метры размæ рацæуæд! Бурдзалыг немыцаг тæрсгæ-ризгæ рахызт. — Цал стут? — Фынддæс æмæ фоидзыссæдз. — Се ’ппæт дæр, ды кæм лæууыс, уырдæм рацæуæит æмæ сæ хæцæигæрзтæ æрæвæрæнт! Æрæвæрдтой. — Хæцæнгæрзты пæмыгæвæрæптæ рафтау æмæ сæ дæ ци- нелыл мæ разы æрæвæр, тагъд! — хъæр ыл кæны къамисар. Бардзырд æххæстгонд æрцыдис. — Ныр дæ адæмы рæнхъгай слæууыи кæн! Немыц ма сæ къухты фыдтæм фæлæбурдтой, сæ алыварс 15 уырыссаг салдаты йедтæмæ куы нæ федтой, уæд... Цалдæр боны фæстæ Сырх Æфсад райдыдта размæ быр- сын. Гитлеры æфсадæн нæ хур Ныгуылæнырдæм фæкъул. Полк • бæрзæйсæттæи цæфтæ кæнын райдыдта тугдзых знагæп. Лади-' Къо къамисар цы æфсæддон хайæп уыд, уый баиу Гæбæраты Реуазы полкимæ. Разæй Алагир. Бабырстой горæтмæ. Кирз тохы хъæбатырæй архайдта Ладикъо. Банстой Алагир. Фшлæ тохы бонтæ иухуызон никуы вæййынц. Зæгъойы фырт хæсты райдианæй фæстæмæ фæцис æвдæм цæф. Алагиры ногæй ньш- пырх йæ агъд, фæцæф сты тыхгæпæджы цæмыгæй йæ цæсты иервтæ.
Гаглойты Владимир ÆДЗÆРÆГ УÆЗГУЫТÆ æсугъд æмæ райдзаст ран ис Хуссар Иры Малдайы Зæгъойты хъæу. Диссаг æмæ фенддаг сты йе ’рдзои уавæртæ. Уæлвонг, армытъæпæнау, фæзы æрбынат кодтой хъæуы цæр- джытæ, хъæуæн ныгуылæнырдыгæй бæрзонд фæцыдысты ставл чæрс бæлæстæ, æмæ, цыма, хъæубæсты фыдуаг дымгæтæй хъахъхъæнынц, уыйау æй, цъиуджын каркау, йæ базырты бын æрбакодта. Хъæды хæдрæбьш æмбисонды æвзадзы хос — суа- дон,Прыстоны номдзыддæр хæххон суадæтты хуыздæртæй, фаг сæрвæттæ, хъæздыг зæххытæ хойраг æмæ дыргъкуысткæнынæн. Рæсугъд у хъæуы быкат. Иууыл рæсугъддæр та — йæ адæм, хуымæтæджы советон фæллойгæнæг адæм. Бæрцæй бирæ рæстæг нæма рацыд ацы рап хъæууат куы фæзынд, æнусы размæ хæххон ирон хъæу Машхарайæ ардæм ралыгъди хуыздæр цардагур мыггаджы хистæр. Æртæ фырты йын райгуырд æма? уыцы æртæ фыды фыртæй равзæрд ацы рæсугъд тæрс хъæды хæдрæбыи Зæгъойты хъæу. Бирæ разагъта фæсивæд рахъомыл Зæгъойты хъæуы уæ- зæгыл. Бцрæ æйттмардзæ лæппутæ æмæ чызджытæ скодтой сæхицæнд,кад æмæ намыс иры дзыллæты ’хсæн. Фæлæ иууыл номхæссæн та йæ тохы бæлццæтты кад æмæ намыс уыди Стыр Фыдыбæстæйоп хæсты. Иры ’хæхты куы анæрыд тохькфæдис, куы бахъуыд æхсар æмæ лæгдзпиады сæр, уæд ацы чысыл . хъæуæп (æдыппæт хъæуы цард иу фыды цот дæс хæдзары), стыр хъазуатмæ фæ- цыдысты’ хъæуы разагъта фæсивæд, фæцыдысты , лæгæвзæрс- тæй, хæдзарæн лæгæй, кæм та æгас хæдзары бинонтæй æрты- гæйттæй, цыппæргæйттæй. Уæззау æмæ зын уыдысты Зæгъойты хъæуы тохы бæлц- 365
цæтты хæстои фæндæгтæ, карз æмæ æгъуыстаг уыдысты сæ хæцæитæ, сæ хæтæнтæ. Хæсты уæззау æмæ æвпрхъау бонты иу æмæ дыууæ хатты не ’рыхъуысти тугкалæн тохы быдырæй се ’хсар æмæ сæ лæгдзинады кой. Иры айнæгфарс хæстон фæсивæдимæ, уæхски-уæхск нæ бæстæйы адæмтимæ иумæ, дæ- рæн кодтой фашистоп сырдты, уæлахиз хастой советон дзыл- лæтæн; Европæйы адæмтæн. Æрхастой уæлахиз! Æрхастой сæ туг æмæ сæ цардæй! Рæсугъд æмæ фендтаг у Зæгъойты хъæу. Ам, ацы хъæуы райгуырдысты æмæ сæ хъæуы рæсугъд сомбоны сæрыл фæцы- дысты хъазуатмæ Зæгъойты æстдæс сагсур лæппуйы, фæлæ уыцы стдæс лæппуйæ фыиддæсæй баззадысты хæсты быдыры. Æмæ куыд уарзтой цард, æрдз сæ ацы фенддаджы къуымы сфæлдыста, уарди дидинæгау, царды рæсугъддзинадæн, фарп æмæ фæллой кæнынæн, фæлæ сæ хæсты тымыгъ йæ судзгæ æрмтты аскъæфта æмæ сæ кæмдæр Кавказы хохрæбынтæй суангдæр Берлинмæ хæстон фæндагыл бынтон ныйиугай кодта. Уæззау зиан уыд фынддæс тохы бæлццоны армыдзаг чы- сыл хъæуæн. Хæсты фæстæ хъæуы уынгтæ æдзæрæг хуыз райстой, æмæ канд хъæуы уынгтæ нæ, дæс хæдзарæй æртæ бынтон æдзæрæг фесты. Æдзæрæг хæдзæрттæ, æдзæрæг уæзгуытæ... Мæнæ хъæуы дæллаг фарс, тæккæ хъæумæ схизæны, фæн- дагæн цæгатырдыгæй Зæгъойты Соскъойы фыртты æдзæ- рæг хæдзар. Ацы хæдзарæи 1941 азы стыр хъазуатмæ фæцы- дысты æртæ цæхæрцæст лæппуйы: Ясон, Артем æмæ Мелитон. Хæсты уæззау бонты ма сæ ныййарæгмæ фыстæджытæ æрвыс- той, хъусын кодтой сæ тохы хабæрттæ, се сгуыхтдзинæдтæ. Фыстой, тагъд кæй фæуыдзæн хæст æмæ кæй æрыздæхдзыс- ты уæлахизæй фæстæмæ, фæлæ нал федтой уæлахизы бон. Фыдмæ стыр тохы быдырæй, сау халæттау, æртахтысты йæ фыртты сау гæххæттытæ, фыд нæ баурæдта йæ фыртты уæззау хабар, фæци зæрдæскъуыд. Хæсты фæстæ ма йæ фыды уæ* зæгмæ уæззау цæфтæй æрыздæхтис Мелитон, куы фехъуыста йе ’фсымæрты æвирхъау хабар, йæ фыды æнамонддзинад, уæд йæ зæрдæ нал бакуымдта æфсымæрты æдзæрæг бындурыл баззайын æмæ рынчынæй фæцыд Бакомæ. Уæдæй нырмæ лæууы æдзæрæг хæдзар ам, хъæуы дæл- был. Цыма, хæдзар не ууæнды, æдзæрæг кæй фæци, ууыл, уы-^ йау ныр аст æмæ ссæдз азы лæууы дæлбыл æмæ фæлгæсы, дæ:, лæмæ, комы ’рдæм, æхсæвæй-бонæй, сæрдæй-зымæгæй, хур бон уа, æви къæвда бон, кæсы кæд мыййаг йæ бæлццæттæй исчи фæзыиид комы. Фæлæ никуы æмæ ницы. Лæууы уæнгтæсастæй, æрхæндæг, гобийæ æдзæрæг ?*- н^шйарæгау цыма саутæ скодта, ’уыйау æвæгæсæгæй йæ сæ- рыл сатæгсау хъуынатæ схæцыд, астæумæ кæрдæг æрзади кæрты, лæджы къахвæд уæзæгыл нæ зыны. 366
Лæууы уæнгтæсастæй, æрхæндæг, гобийæ æдзæрæг хæ- дзар. Хатт куы бафæллайы æнхъæлмæ кæсынæй, уæд цыма йæ рыст зæрдæ фæфидар кæныны тыххæй афæрсы, фæндагæн хуссарырдыгæй цы æдзæрæг хæдзар ис, уый. — Мæ хо, дæуæн дæр нæма зынынц дæ бæлццæттæ сæ то- хы фæндагæй? — Нæма, — цыма къæхты бынæй арф ныуулæфы Зæгъой- ты Сардойы æртæ фырты артдзæст дæр. Соскъойы хæдзарвæндаджы æдзæрæг уæзæджы хъауджы- дæр ма Сардойы фыртты уæзæгыл баззад сæ ныййарæг Маши- къо, рæстæмбис, æмбисонды хæларзæрдæ, хъæбулуарзаг ный- парæг. Йæ цардæмбал Миша æмæ йæ дыууæ хъæбулы: Герисо æмæ Иосеб нал фæзындысты стыр хæсты цæхæрæй сæ фыды уæзæгмæ, нал фæзындысты, æрмæст ма сæ фæстæ * мысынæн ныууагътой тохы быдырæй салдаты æртæкъуымон фыстæджы- тæ æмæ абоны оиг хæдзары дæлбазыр ауыгъд цæвджытæ. Æртæ цæвæджджыпы, æртæ разагъта фæллойуарз лæппу- IIы, æртæ зынгхуысты... Миша æмæ Герисойæ хæсты цæхæрæй уадиссаг хабæрттæ пе ’рыхъуыст. Тох кодтой, советон миллионгай хæстонтæ куыд тох кодтой, афтæ. Чи зоны, куыд басгуыхтысты, сæ хот куыц æгъуыстаг уыди, фæлæ сæ нæмттимæ басусæг сты сæ тохы ха- бæрттæ дæр. Нæ ферох сты ныййарæг мадæй йæ зæрдæйы уи- дæгтæ, йæ царды ныфсытæ. Хæсты фæудæй ныр рацыди дыу- уын фондз азы, фæлæ ныййарæг мад нырма абои дæр а^нхъæл- мæ кæсы йæ цæргæстæм, йæ тохы бæлццæттæм. Машикъойы хистæр лæппу Мишайæн баззад дыууæ лæп- пуйы, „уыдон æндæр рæттæм алыгъдысты, семæ кодтой сæ фыды мады, фæлæ сын уый нæ акуымдта. Загъта сын: — Ацы ранæй фæцыдысты мæ хъæбултæ стыр балцы, æмæ сæ цалынмæ исчи фæзына, уæдмæ сын сæ фыды хæдзары дуар æхгæдæй нæ ныууадздзынæн. Мæ хъæбултæ цы къæсæ- рæй ахызтысты, уыцы къæсæры дуар нæ сыхгæндзынæн. Æмæ æнхъæлмæ кæсы Машикъо, æртæ тохы бæлццоны мад, йæ бæлццабттæм. Хъахъхъæны йæ хъæбулты артдзæст. Хъахъхъæны... Хæдзары дæлбазыр нырма дæр ауыгъдæй лæууынц æртæ цæвæджы. Æрвыл аз дæр хосгæрдæнты, гъе, хуымгæрдæнты мад æрн- сы йæ хуымонты цæвджытæ, ахæссы сæ хуыммæ æмæ дзы хуьшонтæн йæ фыртты бæсты æрхæссын кæны хосы, гъе, мæ- нæуы уистæ, уый фæстæ сæ ныссæрфы æмæ та сæ фæстæмæ сывæры сæ бынæтты. Кæрты нырма дæр амыты-уымыты лæууьшц йæ хъæбулты кусæнгæрзтæ: уæрдæттæ, дзоныгътæ, æфсæндзтæ, æмæ алы- хуызон мигæнæнтæ. Рагæй сæ ничиуал бакуыста, ныззæронд сты къæвдатæ æмæ хурмæ. Фæлæ сæм мад не ’вналы, афтæ 367
йæм зыны, цыма йæ хъæбултæ ам кæмдæр æввахс балцы сты, рæхджы фæзыпдзысты æмæ та сæ бахъæудзæн ацы кусæн- гæрзты сæр. Æбæрæт ингæнтæ, æдзæрæг уæзгуытæ чысыл мыййаг не сты Зæгъойты хъæуы. Мæнæ хъæуы бæрæг астæу хæдзары бынат. Хæдзар уым никуы уал зыны, ныккалд, фесæфт. Æр- ^æстдæр мэ йæ бынаты баззадысты хæдзары фисыны дуртæ, дæдзары бынаты ныв. Æвирхъау хабар! Æвирхъау трагеди! Зæгъойты Уанойы хæдзары артдзæст, Уанойы уæзæГæй цыппар лæппуйы, цыппар бæлццоны фæцыд стыр хъазуатмæ, •æмæ цыппарæй иу дæр фæстæмæ нал фæзынд йæ уæзæгмæ. Уæйгуытæ хуыдта Уано нæ фырттæ Ягор, Къоста, Валодя æмæ Бебейы. Æмæ, æцæгдæр, уæйгуытæ уыдысты. Куысты фæллад нæ зыдтой, сæ пуæй се ’нпæ тыхджындæр, сæ иуæй сеннæ хъаруджындæр æмæ лæджыгъæдджындæр. Хъæуы фæсивæды æхсæн бæрæг хицæп кодтой се ’хсар, сæ зоид æмæ се ’гъдауæй. Куыстуарзаг, адæмуарзон. Зарынмæ рæвдз, кафынмæ — æмбисонд. Лæгæвзæрстæй фæцыдысты Фыдыбæс- тæйы сæрыл сæ уæзæг, сæ адæмы сæрыл тохы быдырмæ. Фæ- хæцыдысты хъæбатырæй, фæлæ сæ иуæн дæр уæлахизы бонмæ ацæрын нал бантыст. Кæм хæцыдысты, цы ра^тты уыдысты. уыцы хабæрттæ басусæг сты сæ хъæубæстæ, сæ зонгæтæй. Æниу, æвæдза, Валодяйы тохы хабæрттæ дардыл айхъуыстыс- ты. Уыд кæстæр командир, йæ хъæбатырдзинады тыххæй цал- дæр хатты хорзæхджын æрцыд хæстон хорзæхтæй, цалдæр хатты Уæлдæркомандæкæнынадæй йæ бинонтæм æрцыд арфæ- йы фыстæджытæ, стæй йын йæ фыстæджыты иу зымæгоп ран- сом аскъуыдта æнамонддзинады хабархæссæг сау гæххæтт. Иал ис Уанойы хæдзар хъæуы бæрæг астæу. Нал сты хæ- дзары бинонтæ. Æрмæст ма иугай хъил дуртæ æвдисæн сты, кæддæр ацы уæзæгыл кæй фыхтис цард, кæрты кæй рауай- бауай кодтой сабитæ ’æмæ сæ цины хъæлæба, уалдзыгон мафгъты цъыбар-цъыбурау, кæй пæрыди сæууон уæлдæфы. Нал ис хæдзар. Нал сты, кæддæр ацы уæзæгыл царды фæндтæ чи кодта, уыцы цыппар æфсымæры. Æрмæст ма афтид уæзæгыл баззадысты иугай хъилдуртæ, цыппар лæппуйьт æвзон- джы бонты къахвæдтæ, сæ худын, сæ зарын, сæ кафын, цыма, нæ батадысты. Цыма сæ нæмттæ дзæнхъадуртæ фестадысты’ æмæ æвдисæндарæн лæууынц .Уанойы уæзæгыл йæ хæдзары цыппар фисыны дуры, цыппар æнусои цырты. Нал æрыздæхтысты сæ. фыды уæзæгмæ Зæгъойты Алексй- 1)ы æртæ тохы бæлццонæй дæр ’дыууæ: Арчпл æмæ Федыр. Уапойы, Сардойы æмæ Соскъойы фырттау, уыдон дæр æдзард фесты сæрибардзинады сæрыл лæгдзииады хъазуаты. Ны’рма æвзонг, æёæлтæрд уыдысты. Цæрынмæ райгуырды’сты, нарды 368
фæндтæ сæм уыд. Фæлæ куы бахъурд сæр, уæд уыцы царды сæрыл сæхи æрхастой нывондæн. . Хæсты æвирхъау цæхæры басыгъд Зæгъойты Михайы фырт Митуша дæр. Ие ’вддæс азы рæхи фесты, нырма йæ мид- зæрдæйы йæхицæн уарзон чызг дæр нæ равзæрста, цард рæст- мæ зонгæ дæр нæ бакодта, афтеэмæй хъæбатырæй фæмард, ]943 азы Ныгуылæн фронты. Уьщы аз ф’æмард хъæбатыр хæс- гон Зæгъойты Уасикъойы фырт Гришæ дæр. 1939 азы урс фи- нæгты ныхмæ тохы хайадисæг, паддзахадон цалдæр хорзæхы; хицау, фистæг æфсады кæстæр крмандир. Æбæрæг ингæнтæ. Æдзæрæг уæзгуытæ... Ныййарæджы судзæггаг цæрты сыгтæ. Æвæццæгæн, Зæгъойты армыдзаг чысыл хъæуы мадæлты дæсты сыгтæ куы раивылдаиккой, уæд сæ быны фæхуыдуг уыдаиккой хъæбулхор сырдтæ, адэеймаджы æгъатыр фыд-\ гæнджытæ. Раджы фæци хæст, раджы бдйгас сты нæ зæхх æмæ адæ- мы уæззау хъæдгæмттæ. Рæстæг æвдадзы хос фестад æмæ пыссæрфта йæ фæлмæн армæй адæмы уæззау цæсты сыгтæ. Раджы фæцис хæст Зæгъойты у^ъæуæп дæр. Иæ куыстуар- заг адæм цæстуарзон фæллой кæньшц колхозон быдырты. Аразынц, хæсты быдыры сæ хъæбултæ æхсар æмæ лæгдзина- дæй кæй бахызтой, уыцы амондджын цард. Аразынц... Фæлæ сæ нæма ферох нырма дæр, æнусы цыппæрæм хайы размæ сæ хъæуыл цы стыр фыд æрцыд, уый. Нæ сæ ферох, дæс хæдзарæй цыппар хæдзары бинонтæ бынтон царæфтыд кæй’ фесты. Уыцы хъуыддаг та сын сæ зæрдыл æрлæууын кæнынц æдзæрæг уæзгуытæ, афтид хæдзæрттæ. Уадз сæ зæрдыл лæууæнт уыцы хабар абоны хæстæндзар- джытæн! Зонæнт æй: Зæгъойты хъæубæстæн нырма сæ маст рæсыд’у. Æмæ хатыр нæ уыдзæн уымæн, — чи сфæнд кæна хæсты ног арт бандзарын! Сæ зæрдыл лæууæит. Нæ адæмæй ницы ферох! Лæууынц æдзæрæг хæдзæрттæ, æдзæрæг уæзгуытæ Зæ- 1ъойты къуылдымыл æмæ сæ уæззау маст, сæ тæригъæд хъа- рынц,, зæххыл туджы зæй чи рауагъта, уыцы удхор сырдтæн. а 24*
Лазарты -Хæсанæ ФÆСКОМЦÆДИСОНЫ ФÆНДАГ аджы уыд уый. Æртиссæдз азы размæ. Æрыдой- наг Зæнджиаты Начейæн фырт куы райгуырд, уæд биион- ты цинæн кæрон нал уыд. Суанг ма сыхаг хъæутæй дæр Иа- чейы хæдзармæ арфæтæ кæнынмæ цыдысты хæстæджытæ æмæ йæ зонгæтæ. Æрмæст сауджынмæ нæ фæдзырдтой. Ра- гæй æрæгмæ дæр Наче йæ удхæссæджы бæрц уарзта сау- джынты æмæ • сывæллоны аргъуанмæ хæссын нæ бауæнДы- дысты, сæхæдæг ыл ном авæрдтой. Схуыдтой йæ Хъасболат. Чи зоны, йæ уымæн нæ бауарзта сауджын. Цыдысты бонтæ, рæзтис сывæллон. Бацыдис скъоламæ. Уым-иу куы иуы ранадта, куы иннæйы. Сауджын-иу урок куьг лæвæрдта, уæд Хъасболат уæлдай фыдуагдæр митæ кодта. Æмæ та-иу æй скъолайæ рарвыстой. Æрыдоны лæппутæй дæр æй бирæтæ базыдтой æмæ йæ схуыдтой Руби, ома сауджынæн кæй нæ тарст, æргомныхас кæй уыд, уымæ гæсгæ. Ныр дæр ма уыцы ном йе ’мбæлттæй бирæты зæрдыл æрлæууы... Лазппуйы йæ фыд радта Дзæуджыхъæуы сывæллæтты хæ- |дзармæ слесары дæсныйадыл сахуыр кæнынмæ. Æмæ, æцæг- дæр, зæрдæргъæвд лæппу ам райста слесары дæсныйад. Иу- цасдæр рæстæджы фæстæ кусыи райдыдта слесарæй. 370
Мидбæстои хæсты фæстæ Ростовмæ фæсивæдæй ахуыр- кæныимæ цы къорд фæскомцæдисоны арвыстой, уыдонæй иу уыдис Зæнджиаты Хъасболат дæр. Куы цыдысты, уыцы бон сæ облæххæсткомы сæрдар Саламты Никъала йæхимæ æрба- хуыдта æмæ сын фæдзæхста: — Æрвитæм уæ ахуыр кæныимæ æмæ нын нæ цæсгом ма фæхудинаг кæнут, нæ дарддæры цард аразджытæ сымах стут.... . . Ног цардарæзт! Лæппуйы цинæи кæрон пал уыдис. Æры- дойнаг мæгуыр лæдж’ы фырт цæуы Ростовмæ ахуыр кæнынмæ! Мад ын фæндагмæ йæ хордзены кæрдзынæй уæлдай сæвæрдта цыхт æмæ иу донгонд дзул. Фæлæ Хъасболат ’рабфакмæ нæ бахаудис æмæ кусынмæ бацыд Ростовы къахыдарæсхуыйæн. фабрикæмæ. Хæрзарæхсг лæппу æнувыдæй бон кусгæ кодта, æхсæв та ахуыр, афтæмæй ссис куыстуаты æнувыддæр фæскомцæдисон архайджытæй иу. /Евзæрст æрцыдис цехы фæскомцæдисон организацийы сек- ретарæй. Ссис фæскомцæдисы Октябры райкомы бюройы уæнг. Чысыл фæстæдæр та бæстæйы денджызон флотмæ æрвыст цыдысты хуыздæр фæскомцæдисонтæ. Хъасболаты хал дæр ардæм схауд. Ам райста электрикы дæсныйад, кусын райдыдта нау «Сырх Кавказы».. Бирæ дзы нæ акуы’ста, афтæ йæм науы къамисар Михаил Казначеев фæсидт: — Зоныс, колхозтæ аразыны хъуыддаджы хъæуы мах æх- хуыс дæр. Уымæ нæм сиды парти, — загъта къамисар, йæ ны- хас чысыл фæурæдта, стæй афарста: , , — Кæдæм дæ фæнды ацæуыи? — Ирыстонмæ, мæ райгуырæн хъæумæ, — уыди æрыгоп электрикыч дзуапп. — Мæ зæрдæмæ цæуы дæ дзуапп, — загъта къамисар. . Æрыгон коммунист, Сау деиджызы флоты бæрнон æрвыст лæг Хъасболат зæрдиагæй архайдта Æрыдоны колхоз сара- зыныл. 1931 азы Хъасболат кусын райдыдта Ростовы фабзавучы фæскомцæдисон организацийы секретарæй. Иу афæдзы фæстæ та ирыстойнаг лæппу ссис Дард Хурскæсæны Амуры доны былыл горæт Комсомольск аразджытæй иу. Чысыл зындзинæд- тæ нæ’ бавзæрста тар хъæды горæтæн бынат цæттæ кæнгæйæ. Йæ бри^ад ам уыдис тæккæ раззагдæртæй. Уайтагъд Хъасбо- лат æвзæрст æрцыдис, фæскомцæдисы ЦК-йæн ам цы органи- зацион бюро уыдис, уый уæнгæй.Афтæ ам ног горæты арæзта- ды тæккæ æнувыддæр архайджытæй иу уыдис не ’мзæххон Зæнджиаты Хъасболат. Фæлæ йæ ам Хъасболат ничи хуыдта. Æппынæдзух Хетæгкаты Къостайы чингуытæ кæй каст, нæ Иры хæхты йæ зæрдæ кæй баззад, уый фæдыл йе ’мбæлттæн арæх 371
кæй дзырдта, уый тыххæй йæм йæ уырыссаг æМбæЛтТæ Дзырд- той Костя, зæгъгæ. Абон дæр цы бирæ писмотæ исы, уым дæр сæ фыст уыцы номæй райдайынц. Горæт арæзт куы æрцыдис, уæд Хъасболат ссис партион кусæг, бирæ рæстæг уыдис стыр заводы парторг. Уый фæстæ га Амуры областы Благовещенскы МТС-ы политхайады хица- уы ’хæдивæг. Фыдыбæстæйон Стыр хæсты рæстæг ам- арæзт æрцыдис крммунистои полк æмæ уый ротæйы политрукæй Минскы бынмйз1 уыдис йæ фыццаг хæсты. Горæт Тартуйыл тохы та райёта йæ фыццаг хæрзиуæг — Сырх Стъалыйы орден. Берли- ны Хъасболат фæцис Фыдыбæстæйы хæст дыууæ ордеиы æмæ æх'сæз! майданимæ. .::Комсомольскы цæрджытæ ирыстойнаг фæскомцæдисоны зонынц куыд йæ хъæбатырдæр аразджытæй иуы. Æмæ абон йæ орденты фарсмæ йæ риуыл æрттивынц Комсомольскы кадджын аразджыты значоктæ. Тар хъæды астæу фæскомцæдисон горæт аразæг цы бирæ хæрзиуджытæ æмæ кады гæххæттытæ. райста, уыдон тыххæй бæлвырд дзурынц’киноныв «Город на заре», Верæ Кетлинская- йы повесть «Мужество», А. Грачевы повесть «Первая просека», Юрий Жуковы чиныг «Люди тридцатых годов», А. Кипаренко æмæ Е. Дородневы чиныг «Подвиг на Амуре» æмæ æндæртæ. Иу ран æй хонынц Костя, иннæ ран — Епифанов, æртыккаг чиныджы Зæнджиаты Костя... Бирæ чингуытæм бахауд, бира* чингуыты ис Зæнджиаты Хъасболаты лæгдзинады æмæ хъæба- тыр[дзийады кой. Фæстаг æвддæс азы дæргъы Хъасболат куыста Узбекиста- ны Дæллаг Бозеурийскы, Шейхантыурскы, Шариханскы. Анг- га’ра’йы æмæ Ташкенты ГЭС-ты арæзтадты. Иæ æнувыд куыс- ты тыххæй ам дæр цалдæр хатты райста кады гæххæттытæ, пре^йтæ. : Ть’шг зæрдиагæй бакуыста, Ташкенты зæхх куы ныпк’ьуыст, уæд’уым адæмæн баххуыс кæныныл дæр. Уæлдайдæр та го- рæтæн электроны тых афоныл радтыныл. ’ /Ф’æскомцæдис кæй схъомыл кодта, уыцы зæронддæр кус- джытæй иу у Зæнджиаты Хъасболат, ныртæккæ у персоналон иейЫисæг, цæры горæт Ташкенты. Стыр фæллойы фæндагыл ацыд мæрыдойнаг лæппу Хъасболат. ! *
Дзугаты Георги ÆФСÆН БÆХЫ ÆХСАР БАРÆГ æст карз æмæ æгъатыр у. Салдаты сæрыл иу куы- рой иæ разилдзæн, уый йедтæмæ цынæ фыдæбæттæ, цынæ тых- æвзарæнты бахаудзæн! Кæдæм /æй нæ фæхæсдзæн, кæм æй нæ бацидæг кæндзæн æгъатыр хъысмæт. Хæсты тызмæг уадтымыгъ ахаста Цхинвалы районы Суац- хуры хъæуккаг æрыгон лæппу Икъаты Ильяйы дæр дард Ке- меровойы областы Ленинск-Кузнецкы горæты госпиталмæ мæ- лæтдзаг цæфæй. ’Хъæбатыр хæстон уæззау операцийы фæстæ йæхи æрæгмæ æрæмбæрста. Медицинон хо йæм цал æмæ цал хатты æрбацыд! Цал хатты йын æрхæцыд йе ставд цонджы хъулыл, фæлæ-иу ын мæлæтæй нæ фæтарст, йæ тугдадзин дзæхст-дзæхст кодта, йæ танкæйы маторау, æнæкъуыхцы, ныфсджынæй. Æмæ-иу уæд сыгъзæриндзыкку, урсхудджын чызг æдзынæг æркаст хæстонЫ;" тохвæллад, хурсыгъд цæсгоммæ. .' ...Æрбабон., Медицинон хо рынчынты тæвд .сбарста æмæ ацыд йе ’ннæ хъуыддæгты фæдыл. Саулагъз танкист Икъайы фырт йæ фарсыл æрзылд æмæ йæ сау цæстытæ цадæггай бай- гом кодта. Ракаст йæ алыварсмæ. Чысыл, цыма, æрымбæрста, ■373
кæм ’ис, уый. Фæлæ, æцæгæйдæр, æрмæст чысыл. Цыма рæ- .дзæ-мæдзæ кæиы, афтæ йæхи хаты. Цыдæргъуызон йæ цыбыр цардвæндаг йæ рæзты, кинонывау, ивылы. Иæ цæстытæ гæзæ- мæ æрцъынд сты æмæ йæ хъуыды æнæрынцойæ кусы, згъоры æпæаскъуыйгæ. Мæнæ йæ райгуырæи чысыл хæххон хъæу Суацхуры фарс- мæ рæсугъд суадоны цур йе ’мцахъхъæнтимæ кæрæдзийыл дон ттырх кæиыпц. Чызджытæ йыл февварс сты, чыр-чыргæнгæ пыл сæ чысыл муцъитæй сæххæтт кæнынц, цæссыгау, рæсуг дон, Илья ныххуылыдз. Ныр æй чн ссур кæндзæн? Иæ мæгуыр мад Болатон раджы амард. Йæ фыд, мидхæсты азты сæриба- ры сæрыл хъæбатыр архайæг, Никъалайы та уымæ не’вдæлы. Аивылдис йæ сабион рæстæджы уыцы æхсызгои иыв. Ныр та мæнæ Джеры райдиан скъола каст фæци, æмæ йæ ахуыры райдианы йæ фыд æмæ йæ дыккаг мад фæндараст кæнынц Цхинвалы астæуккаг скъоламæ. Тæхуды йæм кæнынц йе ’фсы- мæртæ æмæ йæ хо. Фæлæ цы?! Илья се ’ппæты хистæр у æмæ уал уып цæуо! ахуырмæ. Хъæууон лæ’ппумæ дис кæсынц го- рæты стыр хæдзæрттæ, фæтæн уынгтæ, скъолайы утæппæт фæ- сивæд, сæ ахуыргæнджытæ. Фæлæ уайтагъд фæцайдагъ, æнæ- хъæнæй дæр ахуыры аныгъуылд. Цалдæр азы фæстæ каст фæ- цис астæуккаг скъола. Ныр сагъæс райдыдта институтмæ * бацæуыныл. Фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. 1939 гзы йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæпхъытæм. Уый рагæй дæр йæ бæллиц уыдис. Уæв- гæ, уæлдæр ахуырмæ бацæуыны фæндон дæр кæмдæр йæ зæр- дæйы арф тæлфыд. Фидæрттæарæзт, арæхстджын, æиæзивæг лæппуйыл уай- тагъд командиртæ сæ цæст æрæвæрдтой æмæ йæ снысан код- той танкæйон æфсæдтæм. Барвыстой йæ полчы кæстæр ко- мандирты скъоламæ. Каст æй фæцис ;1940 азы æнтысгæйæ. Радтой йын сержанты ном æмæ сси танчы экипажы командир. Коммæгæс уыд ирои лæппуйæн йе ’фсæи бæх. Цыфæнды зыивадæтты, цыфæнды маневрш дæр Ильяйы экипаж уыдис цæвиттойнаг. Икъайы фырты хæст æрыййæфта Румыны арæнгæрон. Æр- цыд сæрбахъуыды рæстæг, лæгæвзарæн бонтæ, Райгуырæн бæстæйы раз хъару æмæ стыр; бæрн равдисыны фæлварæн. Нльяйæн йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ фыды фыды ’фсымæр, 1905 азы сæрибары сæрыл æхсарджын тохгæнæг Икъаты Ми- хел, 1919—1920 азты меиьшевикты ныхмæ тохы йæ фыд Ни,- къала æмæ йæ фыды *фсымæр Дауыты. удуæлдай архайд æмæ лæджыгъæд. Ныр йæхæдæг дæр;лæгмар фашистты ныхмæ тох^- мæ хъæбатырæй кодта йæ экипажы. Фырт хъуамæ йæ фыдæй ^уыздæр уа æмæ бырсы, тох кæны фыдызнаджы ныхмæ. ...Йæ царды ацы нывтæ йæ Шæстыл куыд уадысты, афтæ дохтыр æрбацыд. Р1æ цуры æрлæууыд æмæ йæм дзуры: 374
— Мæнæ гъе, æмбал сержант, фашисты судзгæ нæмыг,дæ чъылдымæй дын кæй систон, уый. Цыма дæуыл нæ, фæлæ расг де ’ндон танкæйыл сæмбæлд, уыйау дæ уæхсчы стæгыл нытъ- тъæпæи. Æркæс:-ма йæм, æмæ йыи æй йæ цуры тумбочкæйыл язрæвæрдта, стæй ацыд. • Илья йæдзæбæх хъуыста, æппæт дæр æмбæрста, фæлæ позм дзурын; нæ цыд. Æрмæст мæлæтхæссæг нæмыгмæ йæ цæс- ты зул бадардта æмæ йæ тохвæндаг æнæхъæнæй дæр ногæй йæ разы сыстад. , ...Иæ экипаж ын арвыстой разысгарæг. Хъуамæ æрбакод: тяиккой «æвзаг». Знаджы позицитæм хæстæг бацыд æмæ уым пыхсыты йæ танк бааууон кодта. Иæ хæстонтимæ . цырддзас-- тæй сæ хъус дарыиц. Сæрдыгон хур ахъаззаг æидавы, сæ хид сæрфынц. • Уалынмæ дæлæ æрбацæуынц æртæ немыцаг сал- даты. Куыддæр сæм хæрзæввахс æрбахæццæ уой, афтæ сыл æвиппайд сæхи , иыццæвдзысты æнæхъæн экипажæй æмæ «æв- заг» — цæттæ. Фæлæ афтæ нæ рауад. Чысыл фæстæдæр æр- оазынд немыцаг-автоматтæй æхсджыты æнæхъæн взвод. Уый размæ цы æртæ салдаты æрбацæйцыд, уыдон танчы нæ фед- той, афтæмæй аивгъуыдтой. Илья уæд айтæ-уйтæ нал, фæлæ-знаджы взводмæ фæхъа- г>ыд æмæ сыи’сæ тæккæ астæумæ сармадзаны хæлæн нæмыг фехста. Фашйсттæ æрызгъæлдысты. Чи. ма дзы баззад, уыдо- лыл та пулемет ауагътой. Æнæхъæн взводæй иу дæр иал аир- гæзт..1 Æрмæст ма дзы баззад иу цæф салдат æмæ йæ семæ аластой. штабмæ. Уый радта иттæг ахсджиаг зонæнтæ се ".фсæдты равæрд æмæ сæ хæцæнгæрзты уавæры фæдыл. Ацы сгуыхтдзинады тыххæй Ильяйы схорзæхджын кодтой Сырх Стъалыйы орденæй æмæ йæ экипажы хæстонты, та — майдантæй. Икъайы’фырт ма уый фæстæ хорзæхджын æрцыд цалдæр майданæй дæр. О, æмæ ацы тох бæргæ хорз р^уад, ’фæлæ 1941 азы не ’фсад фæстæмæ куы лæууыд, уыцы заманы Илья кæм службæ кодта, уыцы ’фсæддон хайы танктæ дæрæи æрцыдысты фыдгу- лы ныхмæ æнæмбæрц хъæбатыр тохты. Сæ хæстонтæй ма чи баззад, уыдон Харьковæй арвыстой Горькийы горæтмæ æмæ уырдыгæй та — Мæскуымæ. Икъайы фырт уым хайад райста 1941 азы Октябры помдзыд парады, байхъуыста Сталины ныфсдæттæг раиыхасмæ. Стщй раст уыцы бои комкоммæ па- радæйГ.ацыд Мæскуымæ æввахс фронтмæ. Ногæй та йын рад- той та’нк,, ногæй та уыд экипажы командир. ЗпаГчНæ Фыдыба^стæйы зæрдæ — Мæскуымæ куы бырста, льщы хъызт зымæджы æрдхæрæны тохты дæр та Икъайы фыр- ты экипаж хъæбатырæй æххæст кодта йæ хæс. >% Иуахæмы фыдгулы наемыг сæмбæлд йæ танчы бензиноп агыл. Танк ссыгъд. Илья рагæпп ласта, йе ’ннæ ’мбæлттæ лæр. Фæлæ механикæп фадат нал фæци. Икъайы фырт æм 375
фёвнæлдта, раскъæфта йæ судзгæйæ, миты йæ аууæрста, стæи| се ’ппæтдæр аууонмаа сæхи акалдтой, цæмæй сыл судзгæ тан- чы хæлæг нæмгуытæ ма сæмбæлой. Фæстæдæр Илья нысан æрцыд танкæйон- æфсæдты раз- сгарæг взводы Командирæй. Иу æмæ дыууæ хатты нæ бахауд- 1а æнæнхъæлæджы тохты, иу æмæ дыууæ хатты не ’рбакодта æвзаг, куы салдат, куы афицеры! Уым, Мæскуыйы цур, æх- сарджын тохты Ильяйы айстой партийы рæнхъытæм дæр. Фæлæ хæст хæст у! Салдатæн мæлæт йæ фæскъæбуты лæууы, 1942 азы марты мæйы Орловы областы Икъайы фырт цы ротæйы уыд, уый та иуахæмы æрцахста аив хæцæнуат.. Знаг сæ уайтагъд бафиппайдта. Бацайдагъ сыи ахъаззаг хæст. Ильяйæн фыццаг йæ син уæлæнгай фæцæф. Ницæмæ йæ æр- дардта, разамынд кодта йе взводæн. Чысыл фæстæдæр хæлæн иæмыг сабмбæлд йæ рахиз цонджы бын æмæ чъылдыммæ æв- вахс уæхСчы банцад, ныр мæнæ йæ цуры тумбочкæйы сæр цы а\лгъысты нæмыг ис, уый. /Цалдæр мæйы фæхуыссыд танкист Икъайы фырт Ленинк- Кузнёнкы горæты госпиталы. Байгас йæ уæззау цæф, фæлæ хæс- тонæн нал сбæззыд, йæ рахиз цонг йæ бар нал уыд. Знаджы нæ- мыджы чысыл схъис абон дæр ма ис йæ уæхсчы. Æрыздæхт Илья йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Куыста хи- цæн æмæ хицæн бæрнон бынæтты. Цалдæр азы куыста партийы обкомы инструкторæй. Фæстæдæр Тбилисы каст фæцис фыццаг иуафæдзон, стæй та æртæазон партион скъола. Нæ парти колхозтæ фидар кæнынмæ хъæутæм коммунист- -^ы куы ’рвыста, уæд уыцы æртынминонтимæ Р1лья::дæр ацыд фæстæзад колхозы сæрдарæй. Колхозонтæ» уайтагъдбауарзтой хæларзæрдæ, рæстаг, куыстуарзон лæджы. Сæ ног сæрдары разамындæй сæ колхоз цыбыр æмгъуыдмæ рацыд раззагон хæ- дзарадты æмрæнхъ. Икъайы фырт фæстаг дæс азы дæргъы разамынд кæны Нсто областы Цæдисмыхуырæн æмæ ам дæр йæ куыстыл у æиувыд, архайы цæсгомджынæй. 1968 азы декабры мæйы Ильяйæи ССР Цæдисы бастдзинады Министрад йæ хорз куысты тыххæй æрæрвыста арфæйы ныхас æмæ йæ схорзæхджын кодта «ССР Цæдисы бастдзинады Министрады Социалистон ерысы иттæг хорз кусæджы «Значокæй». Ныр æвзæр боныгъæд куы вæййы, æмæ Ильяйæн йе уæхс- чы зиаджы нæмыгæй цы схъис баззад, уый та йæхи куы базо- пыи кæны, уæд кæддæры æфсæн бæхы барæгæи йæ тохвæндаг погæй йæ цæсты раз сысты... *
Пухаты Илья ХЪАЗБЕДЖЫ ХÆСТОН ФÆНДАГ 1ардыл ныззылдис Дзауы хъæу. Ацы рæсугъд æмæ райдзаст ран 1922 азы райгуырди Кæр- куысты Уасилы фырт Хъазбег. 1941 азы каст фæци дæсазои скъола æмæ фæнд кодта уæлдæр ахуыр райсын, фæлæ йын Фыдыбæстæйон хæст уый фадат нал радта. Хæсты райдианы Хъазбег ацыди Сырх Æфсадмæ. 1942 азы каст фæци Тбилисы 26 бакойаг къамисарты номыл артиллери- он ахуыргæнæндон. Радтой йын лейтенанты чин. Хъазбеджы хæстон фæндаг райдыдта Хъырымæй, Керчы цы стыр тохтæ цыд, уырдыгæй. Се ’фсæддои хай лæууыд хъахъхъæдадон позицийы, фæлæ сæ рæстæгмæ фæстæмæ алæууын бахъуыд. ; Кæркуысы фырт Керчы стыр тохты фæстæ бахаудта 317 æхсæг дивизимæ. Уый уыд 773 артполчы фыццаг взводы, стæй та батарейы командир. Сæ полк хайад иста Цæгат Р1рыстоны горæт Беслæн, Заманхъул æмæ Элхоты хъæутæ ссæрибар кæ- пыны, стя’й Орджоникидзейы бахъахъхъæныны сæрыл кара тохты. ’ ’ 37Г
Гитлеронтæн се фсæдты 1943 азы Сталинграды цур сæр- «сæттæн цæф фæкодтой æмæ фæстæмæ лыгъдысты Ныгуылæны- ^рдæм. 1943 азы райдианы Цæгат Ирыстонæй, стæй Кубанæй знаг райдыдта фæстæмæ лæууын. Хъазбеджы хæстонтæ дæр ■фæстейæ сырдтой фашистты. 1943 азы февралы Кубаны ста- пицæ. Белпковæйы ссæрибар кæныны сæрыл уыд карз тохтæ. 317 æхсæг дивизийы хæстонтæ бырстой Беликовмæ. Фыц- даг æхсæг ротæимяе иумæ станицæмæ бабырста Хъазбеджы ба- тарей дæр. Уыди сæм 76 миллиметорон дивизион сармадзантæ. Хъазбег ацы тохты активон хайад кæй райста, уый тых- хæй хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзииады тыххæй майданæй. Хъазбег хуыздæр кодта йæ хæстон дæсныйад. Кубаны, станн- цæ Кримскаяйæ 8 километры дарддæр ис «Хъæбатырты бæр- зæнд», уым уыд карз тохтæ. Бæрзондæй немыцæгтæ æхстой пу- леметтæй æмæ сармадзантæй. Махуйеттæ командакæнынадæй Оардзырд райстой, цæмæй иемыцæгтæ уырдыгæй сырд æрцы- даиккой. Бæрзæндыл немыцаг фашистты пулеметтæ æмæ сар- мадзантæ скуынæг кæныны хæс та бакодтой Хъазбеджы взво- ды бæрн. Взвод хæстои бардзырд сæххæст кодта. Хъазбегæи йæ сар- мадзанæйæхсæг куы фæцæфи, уæд йæ фæстæ 76-миллиметрои сардоадзанæй ^райдыдта комкоммæ æхсын. Нæ артиллеристтæ знæгты пулеметтæ æмæ сармадзантæ скуынæг кодтой æмаз у;з?д ие ’фсæдтæ размæ абырстой, бацахстой бæрзæнд æмæ станицæ Кримскаямæ хæстæг бацыдысты. Уыцы тохты Хъазбег йæ хъæбатырдзипады тыххæй хор- зæхджын æрцыдис Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг къæпхæны орденæй. Хъазбеджы хæстои æмбал Мельников Сергей Несторы ,,фырт (ныртæккæ запасы афицер, Цæгат Кавказы Æфсæддои окруджы штабы æфсæддои-зонадон æхсæнады уæнг) 1968 азы 2\ септябры газет «Советон Ирыстон»-ы йæ уацы «Хæстои хæ- лæр’йгы фембæлд» зæгъгæ, ХъазбеджБ1 тыххæй фыста: «Уый уыдис 1942 уæззау азы. Немыцаг-фашистон тыхæйис- джытæ Украинæ, Дон æмæ Кубань байсгæйæ, бырстой Кавказ- мæ. Тырныдтой Бакойы- нефть æмæ Кавказы хъæздыгдзинæдтæ сæхи бакæнынмæ. Уыцы тæссаг рæстæджы махмæ, 317-æм æх- -сæг дивизимæ Грознæйы цурмæ артиллерион ахуыркæнынадæй æрцыдис æрыгои лейтенаит Кæркуысты Хъазбег. Снысан æй кодтой фыццаг артиллерион батарейы . комаидирæй. Иæ хæд- æфсæрм æмæ æнæфæтасгæ рæстзæрдæдзинад, æмгæрттæм хæ- лар ахаст æмае йе ’взыгъддзинæдты фæрцы хæрз цыбыр рæс- тæджы иæхи бауарзын кодта хистæртæн дæр æмæ, йæхицæй дæлдæр чи уыд, уыдонæн дæр. Уый уыдис рæстагæй . домаг <смæ йын уымæ гæсгæ’ æнæ уæлдайдзырдæй æххæст кодтой йæ .’бар’дзырдтæ. Орджоникидзейы цур\ фашисттимæ фыццаг тохты Кæркуысы фырты батарея йæхи равдыста тынг хъæбатырæй. 378
<;Каркусовцы» зæгъгæ, афтæ йын хуыдтой уыцы рæстæджы йæ хæстонты. Уыдои ныддæрæн кодтой знаджы танкты, басыгъ- той дзы æхсæз. Уый фæстæ не ’фсад абырстой размæ æмæ карз тохты ссæ- рибар кодтой Цæгат Кавказ æмæ Кубань. Гитлеронты фæ- сырдтам Украивæйæ æмæ дарддæр сæрибар кодтам Чехослова- ки, Румыни, Венгри, Польшæ, Австри æмæ, æппынфæстаг, ба- цахстам Германы зæххы стыр хай. Алы хатт дæр æмæ алы ран дæр К&ркуысы фырты хæстонтæ уыдысты тæккæ ахс- джиагдæр фадгуыты. Хъазбегæн кæддæриддæр йæ хæстон сгуыхтдзинæдты кой хъуыстис дардыл, зыдтой йæ æгас фрон- ты. Дивизийы газет «На штурм» иу æмæ дыууæ хатты мыййаг пæ фыста Кæркуысы фырт æмæ . йæ артиллеристты тыххæй. Уымæн йæ ном немыцæгтæ дзырдтой мæстæлгъæд æмæ з-æр- аæрисæй, йæ фæдыл зылдысты тынг. Фæлæ хæххон цæргæс ие ’фтыд сæ къухты. Будапешты тохты Хъазбег æрурæдта зиаджы 50 тапчы 1)азмæбырст. Венæйы ныддæрæп кодта фæстæмæлидзæг зна- джы æмæ æппæты фыццаг бабырста горæтмæ. Прагæйы цур рæстæгыл баххуыс кодта растæг чехæгтæн. Ныр хъæбатыр хæстоны риуыл æрттывтой бирæ ’ордентæ æмæ майдантæ. Уый уыдис, Александр Невскийы орден æппæты фыццаг чи райста, \ыдонæй сæ иу. Уæлахизы боны фæстæ нæ Таманы 317-æм Сырхтырысаджын дивизийы сконды арвыстой Манчжуримæ .смæ’ ам мах Дыккаг фæсбайкалы фронты хайад райстам’им-' периалистон Японы иыддæрæн кæныны сæрыл тохты.’Хйцауад хæстон хорзæхтæй бирæ хæттыты банысан кодта Кæркуысы фырты сгуыхтдзинæдтæ. Бирæ хæттыты райста Уæлдæр ко- маидæкæнынады арфæтæ. ^
Асаты Реуаз ÆСТДÆСÆЙ ИУ УЫДИС ИРОН 1ымах иу æмæ дыууæ хатты нæ байхъуыстат, канд нæ бæстæйы-нæ, фæлæ æппæт дунейыл дæр, цæргæсау, йæ ба- <шртæ чи байтыгъта, «Æнæном обауыл», зæгъгæ, уыцы дис- саджы зарæг. Уартæ ма Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæ- лжы фехъуыста зынгæ советон поэт Михаил Матусовский, 1943 азы 14-æм сентябры Калугæйы областы уæвæг Æнæном обауыл æстдæс бархион коммунисты цы диссаджы сгуыхтдзи- иад равдыстой, уый. Уыцы æнæмсæр тохы эпизод иæ ферох ис советон зарæджы дæсиыйæ фæсхæст дæр. Æмæ сын компози- юр Вениамин Баснеримæ кинофильм «Сабырдзииад»-æн за- рæг ныффыссын куьг бахæс кодтой, уæд поэты зæрдыл ногæп æрлæууыд æстдæс лæппуйы æрдаæразны сгуыхтдзинад æмæ «Æнæном обауыл», зæгъгæ, уыцы зарæджы дзырдтæ райгуыр- дысты сæхигъæдæй. Композитор Баспер дæр, Матусовскийау, у^гдис хæсты хайадисæг æмæ йæ зæрдæмæ тыпг хъары Рай- гуырæн бæстæ бахъахъхъæныны ; темæ. Лцы æмдзæвгæйы гекстыл зарæг куы фыста, уæд ын нæ цыдис, йæхи куыд фæи- 380
дыд, йфтæ æмæ пын йæ музыкæ цалдæр хатты, рацарæзта. Иу бон куы уьгд, уæд композитор фæллад, фæлгоæцыдæй. Мæс- куыйы поезды сбадт æмæ балцы араст. ’ «Цы уйд, уый уыд, цæуын нæхимæ, Ленинградмæ!»' •' Æмæ вагоны, кæмдæр балцы, йæ хъустыл * ауад, ныр- тæккæ зæххы къорийыл афтæ популярон чи у, уыцы зарæджы мелоди. ’ •• Æмæ уыцы зарæг, нырыонг куыд фыстой, афтæмæй æр- мæст сыбыраг æстдæс хъайтары тыххæй фыст нæу, фæлæ у æппæт Æнæном обауты хъæбатыртæн сегасыл дæр (йæ текст ын ирон æвзагмæ раивта поэт Козаты Исидор): - Сыгъдысты къутæртæ нæ разæй, Сыгъдис зæрæхсиды цырагь. Æстдæс хæстонæй ма æгасæй Æртæйæ баззадыстæм мах. Уыцы 18 бæгъатыры тыххæй 1966 азы сдзырдтой иæ бæс- тæйы бирæ газеттæ, ныммыхуыр кодтой Ногдзинæдты Мыхуы- ры Агентады æрмæг. Уæд фыццаг хатт сбæлвырд ис, стдæсæй иу ирон кæй уыдис, уый. Æмæ’ зарæг «Æнæном обауыл», зæгъгæ, уый куы ныззæлыдис Советон Цæдисы алы къуымты, уæд уый æрæмбырд кодтой, зынгхуыст хæстонтимæ иумæ цы хъæбатыртæ тох кодтой æмæ удæгас чи баззад, уыдои. Æмæ ныр алы аз дæр Уæлахизы бон æмбæлынц Мæскуыйы, космос чи басаста, уыдон номыл обелискы цур. Фыццаг аз уырдæм æрцыди 39 адæймаджы. Донецкæй Мæскуымæ æртахтис Ге- расим Лапин. Уыцы рæнхъон салдат дæр уыдис зарæджы хъайтартæ — æстдæс лæппуйы ’хсæн мæлæтдзаг тохы. быды- ры «Æнæном обауыл» кæнæ та бæрзæнд 224,1-ыл. Лапин æмæ ма дзы сержант Констаитин Власов баззадысты удæгас. Сæ риутыл Фыдыбæстæйон Хæсты 1-аг къæпхæны ордентæ (уыцы хорзæхтæй нысан æрцыдысты, чидæриддæр обауыл хъæбаты- рæй мард фæцис, уыдон се ’ппæт дæр). Ацы дыууæ удæгас хæстоны фæрцы рабæрæг ис, 18 бæ- гъатыры ’хсæн зарæг кæуыл скодтой, уыдон æхсæн кæй уыдис не"мзæххон, Цæгатирыстойнаг лæппу Кæсæбиты Тæтæри дæр. Хъæбатыр лæппуты ’хсæн уыдис фæллойадон фронты фараст гвардионы æмæ стæй систы Стыр Фыдыбæстæйон хæс- ты Гвардионтæ дæр. Сыбыраг уырыссæгтæ æмæ украинæгтæ Иван Куликов, Роман Закомолдин, Дмитрий Ярута, Емельян Белоконов, Гаврил Воробьев, Герасим Лапин, Борис Кигель, Крнстантин Власов, Евгений Порошин æмæ ирон Кæсæбиты Тæтæрй.' Уыдон иууылдæр уыдысты рæихъоитæ кæнæ сер- ж’анттæ. Æрмæст Евгений Порошин уыд тохвæлтæрд кæстæр лейтенант^ Уый хæцыдис Мæскуыйы хъайтар хъахъхъæиджы- ты ’хсæн’ æмæ тохы быдыры дыууæ цæфы фæцис. Дмитри Шля- 381
хов æмæ Дмитрн Липовицер уыдысты инженертæ, Петр Па- нии та — техник, Александр Артамонов æмæ Николай Дани-. ленко — заводы тæрхыл кусджытæ, Данил Денисов — æрм-. дæсны, Ииколай Галенкин — слесарты бригадир. Петр Рома- нов — станоктæ рæвдзгæнæг. Азтæй сегасæй хистæр уыдысты Галенкин æмæ Белоконов, цыдис сыл дыууиссæдзгай азтæм æввахс, иниæтæ та уыдысты 23-гай æмæ фылдæргай аздзыд--, тæ. *• Фæлæ тохы быдыры иууылдæр хæцыдысты æмхуызон, иу дæр сæ нæ фæтарст, нæ фæцудыдта. Лаппн æмæ Власовæн цæрæнбонтæм сæ зæрдæты базза- дысты, Æнæном обауыл хъæбатырæй чи фæмард, уыцы æрд- хæрдты рухс фæлгæндзтæ. Æвæццæгæн, зарæджы рæнхъытæ дæр уыдоныл фыст сты: . . Вæййын æз фынты дæр фыдæхсæв, Уынын мæ хæлæртты æнгас. Зæхбын æртывæлтæр æмбæхсæн, Иæ сæрмæ хæсты арыд наз. 1943 азы 13-æм сентябры æхсæвы Женя Порошины сæргъ- лæудæй арæзт æрцыдис штурмгæнæг къорд уыцы 18 лæппуйы скондæй «Æбæрæг хъæуы фарсмæ ’фæсфæд Æнæном обауы чур»... Обау æхсæвыгон басгарыны хъуыды æрцыдис дивизи- йы командир Кирилловмæ. Уыцы операцимæ барвæндæй ацы- дысты æстдæс хъæбатыры, æстдæс бæгъатыр коммунисты. Хæстон хæс сæххæст кæнын ма фæндыдисæндæрты дæр, фæлæ. йæм арвыстой æрмæст æстдæсы. Куы ’рталынг ис, уæд райстон ног хæцæн æрмæджытæ. Алчи дæр сæ .й’емæ ахаста фæйнæ дæсгай гранаттæ. Æнæдзургæйæ. бадымдтой тамако æмæ сæ гуыбыны цъæрттыл абырыдысты обауы ’рдæм. Бахæццæ сты 224,1 бæрзæндмæ. Порошины штурмгæнæг къорд, «Ура-» хъæргæнгæ, æнæнхъæлæджы цырд бамидæг сты фыццаг тран- шеймæ. Скуыстой автоматтæ æмæ гранаттæ. Фергъуыйау сты немыцæгтæ, райдыдтой дзæгъæлæхст æмæ фæстæмæ лыгъдыс- 1ы сæ дыккаг траншеймæ. Фæлæ сæ хъæбатыр советои хæс- тонтæ сыстын кодтой æмæ атардтой уырдыгаей дæр. Гитлерон командæкæнынад, ахæм уац фехъусгæйæ, фæсонтау ис æмæ Æнæном бæрзæндмæ уадидæгæн æрбакалдта йæ фæсауæрц дæлхæйттæ, артиллери, танкæтæ. Фашисттæ цы зыдтой, уыцы къуылдыммæ æдæппæт 18 хæстоны йедтæмæ кæй не ’рбарвыс- той, уымæн... Порошины къорды алыварс ,!æрхъула кодтой гитлерон№; Сæ ныхмæ хæцыдис 300 немыцаг салдат æмæ афицеры бæрц^ Ахæм æнæмсæр, æнæмхуызон, тугкалæн, лæгæвзарæн тохы нæ хæстонты чысыл къордæн нал уыд æрхъулайы цæг ратонын æмæ фæстæмæ ралæууыны фадат. Уæд бæгъатыр лæппутæ ас- Зв2
къуыддзаг’ кодтой кæронмæ, фæстаг сулæфты онг тох кæнын^ фæлæ удæгасæй сæхи уацары ма радтыи. Цал атакæйы аппæрстой фæстæмæ хъæбатыр советон хæстонтæ, уый з’ын’зæгъæн у, фæлæ иттæг карз тох цыднс æмæ ыв фæцис 14-æм сентябры сæуæхсидтæм. Нæ зонын, цы хъуыды кодта уыцы тæссаг уавæры Тæтæри. Чи зоны ма мæлгæ-мæлын сфæрæзта зæгъын: — Уæу, мæлын дын, гыцци! — æмæ, чи зоны, уый зæгъын дæр йæ бон нал бацис. Бæрæг нæу, цардбæллон ирои лæппуйы зынгзæрдæйы цас æмæ цас рæсугъд хъуыдытæ, бæллицтæ æмæ- сæнттæ ахуыссыдис. Æмæ уыцы сæрбахъуыды зыи дуджы, уы- ].ы уæззау уысмы йæ райгуырæн Ирыстон, æвæццæгæн, фæс-'- таг хатт ауадис йæ цæстытыл, тохы дзæгъæл быдыры мæлгæ- мæлын бахæцæг кæуыл нæ уыд, уыцы сыгъдæг цæхæр цæстьь тыл. Æмæ йæм ахæм рæстæджы йæ уды гага, йæ уарзон та, чи зоны, хæсты быдырæй фæ’стæмæ æнхъæлмæ каст, бæрæг дзырд фехъусынмæ бæллыд. Куыдфæстагмæ, тох цырынæй-цырыидæр кодта. Махонтæ пайда кодтой, цыдæриддæр фæрæзтæ сæм уыдис, уыдонæй: топпы нæмгуытæй, гранаттæй, кæрдтæй æмæ хатт тымбыл къухæй дæр. Фæлæ сæ рæнхъытæ фæлахс кодтой сабыргай. Обаумæ схизæнты’л’ байдзаг сты гитлеронты мæрдтæ æмæ дæфтæ, ныццагътой дзы 100 салдат æмæ афицерæй фылдæр. — Æй джауыртæ! — гранаттæ æхсгæйæ, хъæр кодта ирон хъæбатыр лæппу Тæтæри. Цы ма баззад махонтæй дæр. Фашисттæ нæ ауæрстой сæ тыхыл, удуæлдайæ бырстой цалдæр советон хæстоны ныхмæ. Мард фесты старшинæ * Панин, рæнхъонтæ Кæсæбийы фырт, Белоконов. Фæцæф сты. Порошин, Галенкин, Ярута. Дыккаг цæф фæцис Борис Кигель. Минæйы схъисæй йæ цонг ахауд,, фæлæ æххуысмæ æмгæрои ни’кæй æрбауагъта, ныхъхъæр сыл кодта йæ тæвдæй: — Хæцгæ кæнут, уый рæстæг нæу!.. Йæ уæраг ныппырх Дмитри Ярутæйæн, фæлæ уæддæр- (рестад æмæ æхста дарддæр. Ногæй та цалдæр цæфы фæцис æмæ æрхауд. Сæ нæмгуытæ фæуд кодтой: — Размæ, хъайтартæ лæугæйæ мæлыиц! — ныхъхъæр кодта Галенкин æмæ размæ абырста, ногæй мæлагтдзаг цæф- фæцис, фæлæ лæгæрста уæддæр. Бырста, бахæццæ знæгтæм æмæ сæ астæу, бомбæйау, æрхауд. Æхстой, æхстой махонтæ фæстаг туджы ’ртахы онг. Не ’хстой æрмæстдæр мæрдтæ. фæлæ уыдон дæр сидтысты размæ, сæ туг, сæ маст райсынмæ. Куыд бирæ хорз хæлæрттæ баззад Уым талынг ингæны хуысгæ, Æбæрæг хъæуы ’фарсмае уазал, Æнæном обауы уæлæ. 383
г Советон хæстоитæй фæмард 16. Фæлæ уыдоиæн бантыст Деснайы цæугæдонмæ бацæуæнтæ хъахъхъæнæг гитлеронтæм канд ,нæ 718-æм æхсæг полк нæ, фæлæ æнæхъæн дивизийæк дæр фæндаг айгæрдыны хъуыддаг. Уæззау цæфæй, цыдæр амæлттæй, бафтыд махонтæм Герасим Лапии, «мæрдтæйдзæ- уæг» кæй фæхоиынц, уый. Йе тары рахаста йе ’рдхорд Ярутæ- йы партиои билет. Сдзæбæх ис æмæ Берлины онг карз тохты ныххæццæ ис, йе ’фсымæрты ингæныл цы карз ард бахордта, уый цæсгомджып æмæ лæджыгъæдджынæй æххæстгæнгæйæ. Лæ хæлæртты туг дывæр-æртывæрæй райста, немыцмæ уæззау чæфæй уацары чи бахаудта æмæ уыцы зыидонæй ралидзæг ^ъæбатыр Костя Власов дæр. Нæ дæлхæйттæ уыцы æнæном обаумæ куы бабырстой, уæд федтой зæхх иууылдæр зиаджы мæрдтæй æмбæрзт кæй уыдис. Пырхытæй, цъæлтæй лæзæрыдысты хæцæнгæрзтæ, топпы нæм- гуыты афтид гилдзытæ, сармадзантæ æмæ минæты нæмгуыты ■схъистæ. Фæлæ сегасæй æвирхъаудæр, тæригъæддагдæр ныв уыдис хъæбатыр советоп хæстонты цæсгæмттæм бакæсын. Гитлеронтæ сæ «маст систой» мæрдтæй — ныкъкъуыхтæ, ны- чслха сæ кодтой, сæ сæртæ сын ныцъцъæл кодтой, сæ буæрттæ сын джебогътæй ныххуынчъытæ кодтой. Афтæмæй сæ нæ раз- мæбырсæг æфсæдтæ Æнæном обауыл баныгæдтой æмæ сæ ин- гæкы раз ард бахордтой, æстдæс хъæбатыр коммунисты, ты- рыса уæлахизæй кæй фæхæсдзысты кæронмæ. Ахæм хъуыддаг чи федта: "Уый никæд ферох кæндзæн, никæд, Мæлæтдзаг карз тохы хъæртæ Æбæрæг хъæуы фарсмæ фæсфæд Æиæном обауы уæлæ». Уыцы тохы быдырæй мæлæтдзаг цæфæй цы Лапин раир- вæзт, уый мард æмхæстонтæй базыдта æрмæстдæр фынддæсы. Æхсæрдæсæмы нал базыдта. Фæрауын-бауын æй кодтой дох- тыртæ-эксперттæ дæр, фæлæ сын нæ бантыст йæ базоньш, афтæ тынг ын ныцъцъæл кодтой æмæ джебогъæй ныххуын- чъытæ кодтой йæ цæсгом лæгсырд гитлеронтæ. Стæй йæм до- кумент дæр нæ разынд. Æмæ, чи зоны, уый Власов уыд кæнæ та Кæсæбийы фырт?.. Фæлæ «чизоиытæй» цы ис?.. ’ ’ Иуæй-иутæ та дзырдтой: — Афтæ у, æви уфтæ, уæддæр 18-æй иу нæ зыны. Æвæц- .цæгæн, уацары бахаудта. Æнусы цыппæрæм хайы фæстæ ССР Цæдисы хъахъхъæ- нынады Министрады Централон- архивы гæххæттытæй куыд рабæрæг, афтæмæ-й уыцы æнæном обауыл № 24 æфсымæрон уæлмæрды дыккаг рæгъыл рахизæрдыгæй дæсæм у Власов -384
Ликолай Константины фырт. Уæдæ, уацары хъуамæ Кæсæбийы рырт бахаудтаид, æндæр чи?.. Журналист Николай Чайка бацыдис Мæскуыйы Ленины помыл библиотекæмæ, бацагуырдта сæ дивизийы уæды газе"* чСталииский призыв»-ы 1943 азы 19-æм сентябры № 134 æмæ дзы ссардта йæ уац «Райгуырæн бæстæйы сæрыл», зæгъгæ. Уым фыст сты фæмардуæвæг 16 хъæбатыры æцæг мыггæгтæ, Фæлæ дæсæм у Власов нæ, фæлæ Кæсæбийы фырт. «Æмæ уый æцæгдæр афтæ уыд, — фыссы Н. Чайка’. — [1рыстоны сæ боп у, æмæ буц уой сæ фыртæй, стæй Таганрогы кæм куыста, уым дæр афтæ. Кæсæбийы фырт Æнæном оба- \ыл хæцыдис Власовы фарсмæ, тох кодта фæстаг сулæфты Л1Г æмæ мард фæцис хъайтарон æгъдауæй. Уый тыххæй нын рæстæдæр радзырдта... Власов». Иронау кæй фæкæнынц, «сæ мард гæды разыиди», зæгъ- гæ, афтæ рауад Власовы хъуыддаг дæр. Уæлдæр куыд загъ- 1ам, афтæмæй рабæрæг ис, Кæсæбиты’ Никъалайы фырт Тæ- .æри нæ, фæлæ К. Н. Власов кæй бахаудта уацары уæззау цæфæй немыцæгтæм. Уый раирвæзтуыцы зындонæй, гитлерон- гы ныхмæ тох кодта Белоруссийы партизанты рæнхъыты. Фæс- чæст сæхимæ æрыздæхт сæрæгасæй æмæ ныртæккæ кусы Ново- :нбирскы заводтæй сæ иуы. СЦКП Иовосибирскы обком æмæ СЦКП ЦК-йы фæрцы чазыдтам бæлвырд-бæрæг зонæнтæ Кæсæбийы фырты тыххæй. Тæтæри райгуырдис Цæгат Ирыстоны мæгуыр зæхкусæджы хæдзары 1913 азы. Цыдис фыййау къæбæры мыздыл. Фæстæ- дæр бацыд колхозмæ. 1931 азы Тæтæри ацыдис Таганрогмæ. Уым сахуыр кодта газосварщикы дæсиыйад. Фæкуыста фондз азы, стæй æвзонг фæскомцæдисонмæ æрсидтысты Сырх Æф- сады рæнхъытæм. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тæккæ тæмæны, 1942 азы, Кæсæбийы фырт бацыдис Коммунистон партийы рæнхъы- тæм. Таганрогæй сын сæ завод куы сэвакуаци кодтой, уæд дзы куыста контролгæнæг дæсныйæ. Уыцы дуджы Тæтæ- рийы æртаэ æфсымæры фыдызнаджы пыхмæ хæцыдысты грронты. Уый фæстæ сæм хæсты быдырмæ ацыд йæхæдæг дæр. Æмæ фæстæдæр æппæт фронтыл, æгас бæстæйыл айхъуыст йæ диссаджы, æрдхæрæн хæстон сгуыхтдзинад: Æнæном обау №224,1-ыл æхсæвыгон карз, тугкалæн тохты Кæсæбиты Ни- гчъалайы фырт Тæтæри дæр, æппæт йæ хæстон æрдхæрдтау, тох кодта бæгъатырæй. Иу æмæ дыууæ хатты нæ бабырста гитлерон сырдты ныхмæ лæгæй-лæгмæ джебогъæй хæсты. Хъайтартæ р^х не сты. Уыдон цæрдзысты мыггагмæ. Æстдæс зынгхуыст хæстоны никуы ферох кæндзысты советон бузныггаг адæм, сæ сæртæ кæй тыххæй æрхастой, сæхи царды 25* 385
аргъæй мæлæтæй кæй фервæзыи кодтой, уыцы европæйаг бæстæты дзыллæтæй. Калугæйы областы Бетлицийы райцец- тры бæстастæу фæзуат схуыдтой æнæном обауьг Хъайтарты фæзуат, .Æнæном обаумæ чи цæуы, уыцы уынг та — Новоси- бирскы уынг. Рубенкæйы хъæумæ ’ввахс, совхоз «Россия»-йы территорийыл, карз тох кæм цыдис, уым æвæрд æрцыд цырт— скульпторон къорд: дыууæ салдаты сæ сæртæ æркъул кодтой фæмардуæвæг хъайтарты æфсымæрон ингæны сæрмæ. Дард Сыбырæй зыигхуыст бæгъатырты хицæттæ æмæ хæстæджытæ æрластой æмæ ацы æвæджиаг уæлмæрдыл ныссагътой æвзонг бæрзбæлæстæ. Нæ зонын, Кæсæбиты Тæтæрийы райгуырæн Ирыстонæп дæр уыцы зæххыл сыр-сыр кæнынц иог сагъд талабæласы сыф- тæртæ, уый. Фæлæ ирон æгъдаумæ гæсгæ æмбæлы йæ райгуы- рæн уæзæгæй уыцы сыгъдæг уæлмæрдмæ армыдзаг сыджыт ахæссын æмæ байзæрын. Бæрæг у уый, æмæ Ирыстоны хъаз- батыр фырты ном сæнусон кæныныл ахъуыды кодтой, раздæр кæм куыста, уыцы заводы кусджытæ. Уыдон ирои æрдхæрæн бæгъатыры номыл сарæзтой хæдтæхæг æмæ йæ радтой му гвардион авиацион полкмæ. Уадз, æмæ Кæсæбиты Тæтæрийы зынгзæрдæйы æмдзæф хъуысæд нæ сабырадон сыгъдæг арв- .ч’ъахъхъæнæг хæстон хæдтæхæджы маторы уыпæры... *
Гаглойты Аким КОЗАТЫ ЗЫНГХУЫСТ ÆФСЫМÆРТÆ Ефим алуанты хъæу. Августы мæй. Хуымтæ сбур ^ты. Тыллæг йæ тæккæ æфснайыныл у. Ацафон-иу райсом раджы хуымтæй хъуыстис цæвджыты æхситт, цæвæджджынты епп- опп. Ныр дæр æхситт кæнынц цæвджытæ, фæлæ цæвæджджыи- ты зарæг нал хъуысы. Хæст, уæззау тугкалæи хæст. Хуымты боиæй-бонмæ къад- дæр кæнынц нæлгоймæгтæ. Хъæуы тæккæ быимæ астæумæ хуымы кæрдыпц цыппар л.ч’пиуйы, цыппар æфсымæры. Уыдон Козаты лæппутæ сты. Лбоп ма иумæ рацыдысты цæвæгæй кæрдынмæ. Райсом цæ- уынц фроитмæ. Сæ зæрдæ ’хсайы, сæ фæстæ тыллæг æнæфснай- д,тй куы баззайа, — фæстаг хатт ма аххуыс кæной колхозæн. Кæрдынц æнæдзургæйæ,. цæвджытæ цыдæр æнахуыр æн- къард æхситт кæнынц. Хур раджы ныттылд фæскъуылдымы фæстæ, æфсымæртæ тындзынц, кæд ма сын исты антысид. Талынгты ныууагътой сæ куыст æмæ, æрбацыдысты сæхимæ. Дыккаг боп райсом раджы Галуанты хъæумæ хур æрба- каст. Колхозонтæ сæхи рæвдз кæнынц куыстмæ. Козаты цып- пар æфсымæры та — дард, зын æмæ тасы балцмæ. Хæссынæн æицон æмæ хæрынæн адджын хæринæгтæ сын сæ мад æвæры хызынты. Сæ мад Натъо йæ хъæбулты бафæдзæхста фæнда- 387
Лонги Виктор джы дзуæрттæн. Лæппутæ ныццæлхъ кодтой: «Цæугæ, цæугæ. Германы хæстмæ»... Æфсымæртæ: Ефим, Петр, Виктор æма> Лонгин фæстаг Г.атæ, хъæбыстæ акодтой сæ мадæн, биионтæн æмæ заргæйæ сæ фæндаг скодтой Цхинвалы ’рдæм. Цыдысты бонтæ, къуыритæ, мæйтæ. Алчи сæ удуæлдай тох кодта Райгуырæи бæстæйы сæрыл, фæлæ сып сæ хъысмæт на> зыдтой бинонтæ. ,, Иу бон хистæр æфсымæр Ефим йе ’мкъай Натъамæ æрыр- выстд æртæтигъон фыстæг. Уым фыста: , «Карз тохты фæстæ мын рæстæг фæцис фыссыиæн. Наз хазстонтæ Туапсейæ суанг Севостополмæ, Сау денджызы был гæрæтты, фыдызнаджы ныхмæ кодтой удуæлдай тох. Бирæ зиæнттæ æрцыд нæ хъæбатыр хæстонтыл, фæлæ æз нырмз мæ къахы æлгъæй дæр нæма схъæрзыдтон. Нæ зоныи, цы ху’ыцау мын æххуыс кæны. Знаг дæр лæгъз фæндагыл нæ цæуы. Æр- мæст знон æмæ дысон иу дæлвæзы уыдонæй фæмард’ дыууа! сæдæйæ фылдæр. Нæ сайы мæн дæр мæ автомат. Иудзырдæй, ’ хуыцау хорз у. Фæлæ чи зоны, мæ хъысмæт куыд рауайа, уæд маз ^сабитæ дæ фæдзæхст (æртæ лæппуйы æмæ *' пу чызг ныу- уагъта). Хъуаг сæ мацæмæй ныууадз». Ефим тохы быдырмæ куы ацыд, уæд йе ’мкъай нæ уыднс 388
йæхибар. Райгуырд ын лæппу. Йæ адрес ын куы базыдта, уæд д>м йæ хорз æмгар Цхуырбаты Данел арвыста фыстæг, зæгьгæ, лгг х.трзæггурæггаг мæн: лæппу дын райгуырд. Ефим æм фыста: «Стыр бузныг кæй мæм фæдæ хæрзæггурæггаг. Мæ цуры куы уаис, уæд дын иу катилочыдзаг бахæрын кæнин кас æмæ дын радтин автоматы иæмгуытæ дæс. Ныртæккæ стæм Керчы Оацæуæнты. Æдзух цæуынц тугкалæн тохтæ. Дысон басастам знаджы дыууæ атакæйы. Мæ хæстон æмбæлттæй бирæ фæ- мэрд, фа*лæ та æз фервæзтæн. Фашисттæм мæм сæвзæрд но: джы т’ынгдæр фыдæхдзинад. Куы фенис, цас дзы лæууы дæр- гъытæй мæнæ ацы дæлвæзы». Уый уыдис Ефимы, фæстаг фыстæг йæ райгуырæн Ирыс- тонмæ. Хъæбатыр хæстоны зæнæг Павлик, Валодя, Яков, Ту- рам æмæ Тамара, схъомыл сты, адæмы рæгъы рацыдысты æмæ ныртæккæ кусынц Цхинвалы æндæр æмæ æндæр куыстуæттæ æмæ орглшзацнты, алчи сæ йæ цард сарæзта йæхи фæндиаг. • Афтæ рауадис иннæ æфсымæрты хъысмæт дæр. Виктор ас- тæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд колхозы кусын райдыдта хынцæгæй. Сырх Æфсадмæ йæм æрсидтысты 1938 азы. Баку- йы артнллериои дæлхайы службæйы рæстæджы каст фæцис гюлчы æхсæзмæйон скъола æмæ йын радтой хистæр сержанты ном. Хæст йæ тæккæ цырыныл куы уыдис, уæд ын нæхорз æгъдау æмæ лæгдзинады тыххæй командæкæнынад радта фондз боны йæ хæдзармæ æрцæуыны бар. Æфсымæрты дæр фæстаг хатт йæ фыды уæзæгмæ уый æрбамбырд кодта. Иæ казстæр æфсымæр Лонгийы йемæ акодта Бакумæ æмæ служ- бæ кодтой иумæ артиллерион дæлхайы. Фашистон тыхæйисджытæ бырстой размæ Цæгат Кавказ- ма\ Знаг,йæтыхтæ радта горæт Орджоникидзе йæхи бакæнын- мæ. ’ Дыууæ æфсымæры уыцы карз тохы æвдыстой хъæбатыр- дзинад. Виктор уæд фыста йæ мадмæ: «Нана, бахатыр кæи, нырыонг дæм кæй пæ фыстон.. Тасы уавæры иæма уыдтæн. Цæгат Ирыстоны сæрмæ фæзындысты сау мш^ътæ, фæнд кæнынц ирон адæмы рухс цард баталынг кæнын. Ныр къуыридæргъы Алагирмæ бацæуæнты гнтлерон- ты ныхмæ цæуыпц карз тохтæ. Сæ ныхмæ æз æмæ Лонги дæр фæстæдæр инкæмæй лæууæм. Дзуапп сын дæдташ иæ сарма- дзаиы рæстдзæвин пæмгуытæй. Мах иумæ стæм бæргæ, фæлæ ’кæм сты меннæ æфсымæртæ Ефим æмæ Петр. Кæд ма гассты, уæд мæм рарвитут сæ адрестæ. Махмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд. "’Ныфс радт дæхицæн. .'.д Цалдæр боны фæстæ Галуанты хъæуы Козатæм æрцыд Викторы «сау». гæххæтт. Уым фыст уыдис, зæгт^гæ, уæ фырт Алагирмæ хæстæг тохы хъæбатырæй фæмард æмæ ныгæд æрцыд æфсымæрон ингæпы. Пе ’фсымæры амард ноджы тынгдæр фыдæхдзинад сæв- 389
зæрыи кодта Лонгимæ фашнстон лæгмарджытæм æмæ, йæ цар- дыл æнæауæрдгæйæ, поджы хъазуатондæр тох кодта хæсты быдыры. Уый йе ’фсымæры туг райста дæс хатты фылдæрæй, фæлæ йып бирæ нæ бац’гыст. Æрыдонмæ хæстæг, знагæп бирæ зиæнттæ бакæиыны рæстæджы, фашистон сармадзаны нæмы- джы схъпсæй уæззау цæф фæцис Лонги дæр. Фондз мæйы баз- зад госпиталы æмæ уый фæстæ цæнкуылтæй æрцыд йэ& фыды уæзæгмæ, фæлæ нал ссис йæ сæрæн, 1943 азы фæззæджы амард. Хæстмæ ацæуыиы агъоммæ бирæ рæстæджы Лонги куыста Знауыры райфæлхасады æхсæнады æмæ йæ намысджын куыс- тæй цæвиттон æвдыста базарады кусджытæн. ЙсГ тохы фæндаг ахаста Петры Украинæйы зæхмæ. Уый Смолеискы тохты рæстæджы фыста йе ’мкъай Пъеломæ: «Цыдæр амонд мæм кæсы. Алы бон стæм знаджы зын- джы бын. Бирæ зиæнттæ цæуы мæ хæстонтыл. Æрмæст дысон ме ’мбæлттæй фæмард 7, цæфтæ дæр бирæ, фæлæ нырма мæ- иыл бындз дæр цыма нæ абадт, зыпдзинæдтæ бирæ, фæлæ мæхи æнкъарын хорз. Бырсæм размæ, æрмæстдæр размæ, гит- леронтæн сæрсæттæн цæфтæ кæнгæйæ. Исын ме ’фсымæрты гуг. Мæ мæт мацы уадиссаг кæп, æркæс дæ сабитæм. Цы гæ- нæн ис, уымæй сæ хъуаг мацæмæй уадз, ,зонын, горæты ныр зын цæрæи у, хæсты фæдтæ уым дæр зынынц, фæлæ цы гæиæп ис. Хæст хæст у». Хæсты азар басыгъта Петры дæр. Уый куыста Тбилисы сгæлладуафæн фабрикæйы мастерæй. Йæ дыууæ фырты æмæ чызджы схъомыл сты æмæ сæ цард сарæзтой сæхи фæидиаг. * 390
Туаты Сергей ЛÆДЖЫ КАД ЦÆРЫ ÆНУСТÆМ |/алгом. Зруг. Сау айиæг кæдзæхтæ. Мæнæ Козат хъæу. Льизæмарæй æрвыстой ам сæ царды бонтæ адæм па; дзахы æлгъыст рæстæджы. Уæддæр Козаты Ерастъи нæ фæ цудыдта, схъомыл кодта йæ сывæллæтты. Цард фæхудын дæр зоны, фæзæгъынц. Советон хицауад радта хæххои адæмæн быдырмæ ралидзыны бар. Зругæй иутæ Лабæмæ алыгъдысты, иннæтæ кæддæры къардиуыл хъæздыг зæххытæм — Кировы хъæумæ. Бацайдагъис цард Ерастъийы биионтæн дæр. Хистæр фырт Стъепан куыста хъæусоветы сæрдарæй. Хъæуы астæу цард хæлар æмæ уарзонæй. Стъепан уыдис хæдæфсарм, фæл- лойуарзаг. Колхозтæ аразыныл бирæ тухитæ фæкодта-. УыцьГ заман Стъепан ног цардарæзтады йæ зонд, йæ хъарутæй бирæ бахардз кодта. Æмæ дуг схорз, цард фæхудт йæ мидбылты хохæгтæм. Фæлæ Фыдыбæстæйы хæст райдыдта. Фæцыди тохы хъæр. Райгуырæн бæстæйы сæраппонд адæм райстой сæ гæрзтæ не- мыцаг фашистты ныхмæ тохмæ. Хæсты фыццаг бонты Козаты Стъепан барвæндонæй зцыд фроитмæ. Хæстмæ араст йæ кæстæр æфсымæр Спиридон дæр. Æмæ 1942 азы 22 февралы дыууæ æфсымæры систы 287 дивизийы 866 полчы автоматчиктæ. Чысыл рæстæджы фæстæ полк æрлæууыд немыцаг фашистты ныхмæ тохы. ’ .Фыццаг ныббырстытæ зпаджы ныхмæ уыдысты мартъийы æмæ июны. Дыууæ æфсымæры сæхи равдыстой хъæбатырæй, се ’мбæлттæн сæхи базопын кодтой. Полчы командир Якимов, 391
штабы хицау Ушапович æмæ политрук Цепенко стыр сæрыс- тыр уыдысты Козаты дыууæ æфсымæрæй. Хъæбатыр хæстонтæ кæрæдзийæ нæ хицæн кодтой, æдзух- дæр иумæ, суаиг разведкæйы дæр цыдысты уæхски-уæхск, сн> кæрæдзийæн иыфс лæвæрдтой. Сæ командиртæ сыл сæхи удтау æууæндыдысты. Æмæ алы бардзырд дæр æххæст кодтой уæла- хизимæ. Цал æмæ цал хатты ацыдысты стæры, цал æмæ цал хатты-иу æрбакодтой «æвзæгтæ», уацайрæгтæ! Иуæндæсæймаг хатт куы ацыдысты разведкæйы, уæд уацары райстой цалдæр фашисты æмæ сæ штабмæ æрбамидæг кодтой. Уый уыдис Брянскы фронты. Тугуарæн хæсты хистæр æф- сымæр Стъепан уæззау цæф фæци. Йæхиуыл схæцыд, мæстæй йæ цæстытæ туджы зылдысты, нæма йæ фæндыд мæлын: — Æтт, ме ’фсымæр, хъæддых фæлæу, Фыдыбæстæ зынаргъ у, æмæ йæ цъаммар знагæн ма радтут, — фæстаг хатт ма фæ- дзæхста Стъепан. Азгъордта рæстæг, дугъон бæхау, рацыд фондз æмæ ссæдз азы, байгас сты хæсты хъæдгæмттæ. Фæлæ хæстонты ном рох нæу. Мæнæ ц’ы рæнхъытæ ныффыста зындгонд уырыссаг поэт Коистантин Лапин 1943 азы: Козаты дыууæ æфсымæры Стъепан æмæ Спиридон Фыды- бæстæйон Стыр хæсты скуынæг кодтой æртыи иу немыцаг фа~ шисты. Æмдзæвгæ мыхуыры рацыдгазет «Правда»-йы. ÆФСЫМÆРТÆ Хæст фæсабыр. ’Æхст фæхъус н, Фæздæг быдыртыл æрбадт. Хъæу æрбалæууыди зæрдыл Ацы амондджын сахат. Козаты дыууæ цæргæсы Спиридон æмæ Стъепан Цъæх æртæтигъон писмойы Ирмæ арвыстон салам. Цас ныццагътой, цас, фыдгултæн, Цалæн ахуыссыд йæ зыиг!.. Ахæм цаутæ та æхсызгон Бинонтæн уыдзысты тынг. Ферттивдзæп æначы русыл/' Цины цазстысыг-æртах. ’ Уайтагъд устыты цæсгæмттыл’ Хурæн атулцзæн йæ цалх. Сабитæ зргъдзысты буцæй: 392
<*Сты нæ фыдæлтæ хъайтар Æмæ схæсдзысты сæ рнутыл Сырх хæрзиуджытæ дзæвгар»... Уады алæгæрд, фæранкау, Ды, мæ иубæстон хæлар. Козаты дыууæ цæргæсау, Знæгты — сау кæлмыты мар! Костантин Лапии уыд æфсæддон уацхæссæг, хорз зыдта Козаты æфсымæрты. Ныртæккæ дæр æгас у. К. Лапин цæры Мæскуыйы, бастдзинад дары Козаты бинонтимæ. Коммунист Козаты Спиридон уæлахизимæ æрыздæхт #æ \ъæубæстæм. Йæ риуыл сæрттывтой кадджын хæрзиуджытæ. Лæг кæмдæриддæр лæг у. Фæнды тохы быдыры, фæнды сæрнбар царды, фæллойы фæндагыл. Быдыры уæрæх фæзтæ йæм сидтысты. Уый æнæзæрдæхудт адæймаг у. Кæцыфæнды куысты дæр йæхи æвдисы фæзминагæй. Æвзæр нæ сарæхсти иуæндæс азы хъæуы æххæсткомы сæрдарæй хæсты фæстæ. Уыдис стурвосы фермæйы хицау. Бирæ æнæлыггонд хъуыд- дæгтæ сæвæрдта йæ къахыл. Адæм ын уый тыххæй кад кæ- нынц. Иу замап арæхстдзинад равдыста быдырон бригадызве- нойы сæргълæууæгæй. Зæрдæйы фæидиаг рауадысты йæ.куыс- тытæ. Уый фæстæ ссис колхозы быдырон бригады I брйгадир. Иæ гæн уæларвмæ фæцыд. Дымгæ йыи тилы йæ ’цъуппыт^е. Кæсы сæрбæрзондæй йæ фæллоймæ Спиридон. Æмæ’ йæхими- дæг дзуры: — Зæхх, нæ дарæг дæ. Дæу сæраппонд лæвæрдтам стыр хæсты нæ сæртæ. О, æцæгæйдæр афтæ у! Абон Козаты Спиридон кусы ацы колхозы хор барæгæй. ’Уæздан æмæ хæдæфсармæй йæ зонынц хъæубæстæ. Уæдæ кæд хистæр æфсымæр Стъепан Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæхи удуæлдай скодта, уæддæр йæ фарн мæрдтæм нæ ацыд. .Фыссæг К. Лапин цæттæ кæны уацмыстæ Козаты Стъепаны сгуыхтдзинæдты тыххæй. .Цалдæр сывæллоны баззад Стъепанæн. Уыдонæй 4 гуып- пырсар лæппуйы колхозы æнувыд фæллой кæнынц. Æрыдоны райæххæсткомы къулыл ис егъау хуызистытæ, районы ном- дзыддæр адæм. Уыдонимæ — зындгонд механизатор, комму- нист Козаты Стъепапы фырттæй иу — Алексей. Иинæ дыууæ Внтя æмæ Анатоли дæр сты трактористтæ. Сæ кæстæр Мойсейг та шофер у. Иу хæдзары — цыппар механизаторы. Кæм пс уыдоиы фæллойæн кæрои! Алкæмæн дæр дзы би- чюнтæ, зæнæг. Фæллойгæнджытæ куывдтæ кæнæ чыидзæхсæв- ^ты дæр арæх æрæмысынц сæ зæронд фыд Ерастъи æмæ сæхи, фыд 'Стъепаиы нæмттæ. Уадз æмæ хорз лæгты кад æнустæм цæра! ;, *
Дзугаты Георги НÆМЫДЖЫ СХЪИС лнаметон батарей фæиппæрд полчы сæйраг тыхтæй Фашшмс уый куы базыдтой, уæд, залиаг калмау, йæ алыфарс æрзылдысты. Æппæт сæ хотыхты хъомысджын цæхæр сарæз- той уырдæм. . Нæрынц сармадзаитæ, ниуынц минæтæ, къæр- къæр кæнынц пулеметтæ æмæ автоматтæ. Зæххы цъар чъыл- бысгай схъиуы. Минæйои расчеты командир, хистæр сержант Козаты Георгийы фырт Михаил рæвдз раив-баив кæны йæ ми- наметы хæцæнуат. Фыдгулы зынджы цæхæр тынгдæр кæцæй згъæлы, уырдæм ныццауазы уый дæр йæ хотыхы хъыбылы- йас нæмгуытæ. Фæлæ знаджы тыхтæ сты бирæ фылдæр. Тынг зын у сæ ныхмæ лæууыи. Михаилы цæсты раз иугай-дыгай згъæлынц йæ хæстоитæ. Фæфæуд кæпынц сæ наёмгуытæ ’дæр. Знаг комкоммæ æрбабырсын нæма уæпды, фæлæ сыл зынджы зæй уадзы æмæ уадзы. Йæхи сæм æввахсдæр ласы. Йæ пу- леметты къæр-къæр бæрæгдæрæй хъуысы. Уалынмæ фæмард Козайы фырты взводы командир. Уæдх уый командæкæнынад райста йæхимæ. Минаметтæн сæ хæ- цæнуæттæ аивдæр бынæттæм аивта. Иуæй-иу минаметты цур ма баззадис æрмæст дыгай-æртыгай салдæттæ. Фесты сæ минæтæ. Уæд Козайы фырт скомапдæ кодта нæ 394
^æстонтыл, цæмæй сæхи æрцæттæ кæной автоматтæ æмæ гра- иаттæй тохмæ. Фыдгултыл ихуардау нызгъæлдтой сæ хотыхты æппæт цæ- лæр. Фæлæ кæдмæ! Ныр æнæхъæн æхсæв æмæ бон армыдзаг минаметтæйæхсджытæ уромынц сæ алыварсæртыхсæг фыдгу- лы æрдонгты. Хорз у, æмæ фашисттæ кæнæ зонгæ нæ кæпынц, :енæхъæн батарейы хæстонтæн се ’рдæг дæр кæй иал ис, уый, кæннод та комкоммæ æрбабырсын нæма уæндынц. Бон цъæх кæнын райдыдта. Æвиппайды рахизырдыгæи пыннæрыд уырыссаг хъомысджын ура. Æрбабырстой, Коз.айы фырт цы полчы уыд, уый сæйраг тыхтæ. Зиæгтæ фергъуыйау сты. Сæ хæцæиуæттæй асчъил сты. Махуæттæ сыи æрынцой нал дæттынц. Уыдонæн ма цы сæ бон у, уымæй архайынц анрвæзыныл. Бæстæ æрсабыр. Хотыхты гæрæхтæ бамыр сты. Советсш хæстонтæ сæ цæфты ахастой æввахсдæр санитарон хаймæ. Æнæг \ъæн æхсæв æмæ бон, фыдгулы бирæ тыхты ныхмæ, æндоп ьъулау, æхсарджын тохты чи лæууыд æмæ сæ туг чи ныккалд- га, уыцы хъæбатыр хæстонты мæрдты ныгæдтой се ’мбæлттæ. Уыцы æрдхæрæны тохты фæстæ ма æрхъулайæ чи раир- вæзт, уыдонæн радтой чысыл аулæфыны рæстæг. Козайы фыр- 1æн йæ сагъæстæ атахтысты суанг йе ’взонджы бонтæм, йæ райгуырæн рæсугъд Ирыстонмæ. Михаил райгуырд Дзауы районы Хъемултайы хъæусоветы Цбойты хъæуы 1917 азы. Райдиан скъолайы ахуыр кодта ор- химæ. Уый фæстæ каст фæцис Цхинвалы кусæг фæсивæды скъола æмæ кусыимæ бацыд типографмæ. Цыппар азы бæрц лзы фæкуыста мыхуыргæнæгæй, стæй йæм 1939 азы æрсидтыс- ты Сырх Æфсадмæ. Уым æй барвыстой кæстæр командирты полчы скъоламæ. Хæсты райдианы ие ’фсад фæстæмæ куы цыдысты,, уыцы заманыкарз тохты Мнхаилæн уæззау цæф фæцис йæ къах æмæ Балашовы горæты дыууæ мæйы бæрц фæхуыссыд госпи- талы. Йæ хъæдгом куы байгас, уæд æй арвыстой мииаметтæй- æхсæг æфсæддои хаймйв расчеты командирæй Фæстæдæр, бæрæг куыд у, афтæмæй не ’фсад æхсарджы- нæй размæ бырсын райдыдта. Козайы фырты расчет кæддæ- риддæр цæвиттойнаг уыд æгас батарейы. Хурыскæсæн Прус- сийы хæцгæйæ, Кенигсбергы сæхи куы бакодтой, уæд Михаил пе стыр сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджыи æрцыд Кады æр- тыккаг къæпхæны орденæй, йæ хæстонтæ та цалдæрæй ранстой майдантæ. - Михаилæп уæлдай тынгдæр йæ зæрдыл лæууынц, иу мæй- лар æхсæвы знаджы развæдсгарджытимæ хæрхæмбæлд куы фесты, уыцы æвирхъау нывтæ. —. Уый уыдис раст фæсæмбисæхсæв Хурыскæсæн Прус- спйы зæххыл, — фæдзуры Козайы фырт. — Фæцæуæм æнæ- 395
къæрццæй æз æмæ ме взводæй цалдæр салдаты. Нæ фæстæ т<? арæхстгай сæхи исынц нæ хæстонты иннæ хай кæстæр коман- днримæ. Сыбыртт пикуыцæй хъуысьц раст цыма стыр тугкалæн хæст мæрдвыиæй бацис, уыйау. Ахæм æмыр, æгуыппæджы хæс- тоны зæрдæмæ бирæ хатт тынгдæр бахъары цыдæр сусæг тас. Лæг йæхи къæрцхъусдæр фæдары. О, æмæ мах дæр цæуæм арæхстгай, хъавгæ. ’ ’ Уалынмæ, дыууæ знаджы æхсаргарды куыд фæдзуар- æвæрд уой, афтæ нæ ацахстой фашистты тыхджын прожектор* тæ дыууæрдыгæй. Нæ алыварс боны хуызæн фестад, Бæфгæ ма дæлгоммæ ахуыссыдыстæм, фæлæ нæ, æвæццæгæн, фашист- тæ кæцæйдæр бафиппайдтой. Стæй дыи уæд нæ тæккæ фалейæ чысыл къуылдымауы рæбынæй райхъуыст автоматты къæр- къæр. Прожектор та ногæй куы радзæнгæл кодта нæ хæцæн бынат, уæд дзæбæх ауыдтам фыдгулы разæсгарæг салдæтш æнæхъæн взводы бæрцæй. Æз мæ хæстонты дыууæ дихы фæ- кодтон æмæ сыл ихуарæгау нызгъæлстам, уыдон дæр афтæ. Хæст бацайдагъ, ахъаззаг хæст! Уæдмæ бон кæнын дæр байдыдта. Знæгты ’рдыгæй æхет фæсабырдæр, стæн куыдфæстагмæ бынтондæр банымæг. Ма- хæй дæр бирæ автоматты къæр-къæр нал хъуысти. Цалдæр нæ фæмард, уымæй фыддæр та —’ цæфтæ. Кæсæм фашистты хæ- цæнуатмæ. Уыдон, мæтыхтау, нызгъæлдысты зæххыл, сау æн- дæргтæй зынынц. Мах сæм дыууæрдыгæй арæхстгай бацыдыс- тæм, змæлæг дзы нал ис. Æрмæст ма сæ иу салдат рабалт æмæ йæ къухтæ сдардта. Рахастам сын, сæ афицеры фарсыл- дарæн хызыны цы докумеиттæ уыдис, уыдон, стæй сæ хæцæп- гæрзтæй дæр цыдæртæ. Немæ ракодтам уыцы цæф фашисты æмæ ратындзыдтам не штабмæ, — гъе ууыл фæвæййы йæ ньь хас Михаил æмæ арф ныуулæфы. Уыцы æхсæвы тугкалæн хæстæй ма сæ чи раирвæзт, уыдои хорзæхджын æрцыдысты. Сæ командир Козайы фырт та райс- та Сырх Стъалыйы орден. Уыимæ йын ныр уыдис цалдæр х^г- тон майданы дæр. ...Михаил хæст фæуыны фæстæ службæ кодта Украинæйы, оирæ тæссаг стæрты ма фæцис бендеронты пыхмæ хæцгæй,^. Уыдон хъæдтæ æмæ æндæр æмбæхсæн рæттæй бирæгъау ла?- бурдтой. Мардтой бæрнои партион æмæ саветон кусджыты, нæ афицерты. Стыгътой ада^мы. Гъе, æмæ уыдон куынæг кæныны Козайы фырт йæ салдæттимæ бирæ х^^ару æмæ æхсар рав- дыста. Уый фæстæ, 1946 азы, Михаил рацыд демобилизацийы. Гохвæллад хæстоп сымбæлд йæ райгуырæн Ирыстоныл. Ам. Дхинвалы кусыи райдыдта облфæлхасцæдисы хаххыл. Ныр- гæккæ та кусы арæзтадон конторæйы. Р1е ’мкусджытимæ иумæ нæ горæты цæрджытæн аразынц райдзаст, рæсугъд хæдзæртта^. А
)саты Реуаз ЧÆРГÆСЫ ЗÆХХЫЛ НÆ ФÆНДЫ МÆЛЫН __ ылдæр хатт вæййы афтæ æмæ хъæбатыр, сгуыхт лæ*ыл куы фæфыссынц, уæд хъуамæ уа алцæмæй дæр идеалон, фыг абадыи дæр ыл нæ бауадздзысты», мæнæ «хуыцауы сконд л#г» кæй фæхонынц, ахæмæй йæ сныв кæнынц: йæ сабийы бон- гы дæр фæахуыр кæны æрмæстдæр тынг хорз, йæ уагахастæй ;.:еййы1цæвиттойнаг, æнæрæдыд, æнæлаз адæймаг... Уæдæ, кæд мæн фæрсут, уæд, æз ам кæуыл фыссинаг дæн, >ый ахæм нæ уыдис. Уый уыд зæххон адæймаг: уыдис æм рæ- дыдтытæ ^æр, лæгдзинад дæр, удæгас адæймагмæ цы хиадтæ лтййы, ахæм гуырд уыдис. Ме скъолайон æмгар Кокойты Иракълийы фырт Тариэл «тынг хорз» пысæнттыл нæ ахуыр кодта. Уыдис тæлфаг, галиу сывæллон, фырцæрдæгæй «хуын- тъытæ кодта», зæгъгæ, кæй акæнынц, ахæм. Кокойты Тариэл гуыргæ ракодта Дзауы районы Църуйы хъæуы 1921-æм азы 5-æм апрелы. Хæхтыл ма мит хурмæ æрт- тывтытæ кодта, тадис æмæ дæттæ ивылдысты. Църуйы алы- 397
варс рæсугъд хъæдтæ рацъæх сты. Хъæддаг кæрдотæ, фæт- къуытæ, æхсынцъытæ дидинæг ракалдтой. Сæ- астæу амыты- уымыты диссаджы фидыд кодтой, буркъабаджыи, хорз фæлысг ног чындзау, цым бæлæстæ, сегасæй раздæр дидинæг чи рака- лы, фæлæ сегасы фæстæдæр йæ дыргъ кæмæн срæгъæд вæййы, ^арс цымы бын баззад», зæгъгæ, æмбисæидтæ кæуыл фæхæс- сынц, уыдои. Мæргътæ цъыбар-цъыбур кодтой, цыма уыдон дæр ноггуырдыл цин кодтой, уыйау. Иракълн кæд^ фæрæз- джын нæ уыдис, уæддæр фыццаг лæппуйæи куывд куынняо скодтаид. Лæппуйыл фондз азы куы сæххæст ис, уæд йæ фыд Иракъ- ли кусын райдыдта Уанаты районоп милпцийы хистæрæй. Фæстæдæр æиæхъæн бинонтæй цæрынмæ ралыгъдысты Чъре- Оамæ. Уыцы азты Тариэлæн амард йæ мад. Тариэлимæ 1937 азы каст фестæм авдазоп скъола æцæ ахуыр кæнынмæ бацыдыстæм Сталиииры педтехникуммæ. Уым пæ 1938 азы айстой фæскомцæдисы рæнхъытæм. Нæ сæрмæ-иу хæдтæхджытæ куы тахтысты, уæд-иу сæм уый пымдзаст ис. Æмæ иедтехникумы фыццаг курс каст куы фæцис, уæд араст пс Сталиниры аэроклубмæ, ^рапорт ныффыста æмæ йæ тæх- джытæм курсантæй айстой. 1940 азы йæ каст фæцис, фæл.»» æрынцой нæ зыдта. Уыйас бакодта, æмæ дарддæр ахуыр кæ- нынмæ ацыдис Азербайджаны ССР г. Кировабадмæ. Уыцы аз 3-æм иоябры радта æфсæддон ардбахæрд. 1941 азы æнтысгæйæ каст фæцис Фæскавказы Æфсæддон окруджы Кировабады авиацион скъола. Æвзонг тæхæгæн йæ хæдоны æрвгъуыз петлицæтыл фæзындис сержанты æфсæддон чин. 1942 азы 25-æм майы æрвыст æрцыдис 454-æм хицæн аивапол^ чыдæлбармæ. Афæдзы кæронмæ фæцахуыр кодта æвзонг хæххон цæргæс хæстои техникæ. Æмæ пе ’ндон базыртæ куы сфидар сты, уæд æй фронтмæ, хæцæг æфсадмæ арвыстой. Бахаудта Воронежы сæрмæ тохты 1943 азы 15-æм марты. Знаг цы территори бацахста, уый иывтæ иста уæлдæфæй æмæ хорз зонæнтæ хаста командæкæнынадмæ. Уый фæстæ райдыд- той йæ хæстои атахтытæ, йе ’ркалгæ бомбæтæ рæстдзæвинæй калдысты знаджы коммуникацитыл, æнауæрдонæй сын дæрæп кодта сæ удæгас тых æмæ хæстон техиикæ. Уымæн æвдисæн у йæ фыццаг æмæ иунæг хорзæхмæ бавдисыпы сыф: уый фысг V 1943 азы 20-æм майы æмгё ’йæ æрхæсдзынæн гæзæмæты фæ- цыбыртæгондæй: — Æфсæддон пом — кæстæр лейтенант. Йæ куысты бынат, нс ’фсæддон хай — 454-æм брмбæзгъалæг, авиацион полчы тæхæг. ’ ’ :', Æвдыст цæуы Сырх Тырысайы ордепмæ... , .' Кæцы районон æфсæддон къомисариатæй йæм æрсидтыс- ’ты — кадрон. ^ Хорзæхмæ баидисгæ адæймаджы æдзухои хæдзарон адрес. 398
кæнæ нæ бинонты адрес — æфсæддон хай, быдырон асыкк 25314. Партм æмæ социалистон райгуырæн бæстыл йе ’нувыд- дзинад бæлвырд кæны иемыцаг-фашистоы оккупантты æфсон* дзы бынæй советой зæхх ссæрибар кæпыны сæрыл тохты йæ >айадистæй. Вороиежы фронты уæвыны рæстæджы 454-æм бомбæзгъалæг авиациоп полчы скоиды 15. 3. 43 азæй фæстæмæ бомбæ кæнынмæ акодта 2 хæстон тахты æмæ ныхмæлæууæ- джы æфсæдтæ æмæ æфсæнвæндагоп транспорт сбæрæг кæ- пынмæ та — 3 хæстон атахты. Командæкæнынады хæстон хæс- лæвæрд æххæст кæнынмæ æмб. Кокойы фырт алыхатт дæр цæ- уы ныфсхаст æмæ фæндонæй. Хъуыддагмæ серьезон ахасть^, руаджы æмб. Кокойы фырт иттæг хорз сахуыр кодта хæдтæ- хæг скъæрыны техникæ, йæ хæдтæхæджы тактикон зонæнтæ. Уыцы зонындзинæдтæ уый арæхстджынæй пайда кæны тохы, хæстон хæслæвæрд иттæг хорз æххæст кæнгæйæ. Хæстон зык уавæрты (зенитон артиллери æмæ йæм куынæггæиæг хæдтæх- джытæ куы ’рбабырсынц, уæд) спайда кæны зениткæты ныхмæ маневрæй, райсы раст тактикон фæндом. Йæ хæдтæхæг хъæба- тырæй скъæры нысанмæ æмæ знаджы тыххæй йæ командæкæ- 1шнадмæ' æрбахæссы иттæг хорз зонæнтæ. 10. 4. 43 азы Золымев — Основа — Роганы маршрутыл хæстон хæслæвæрд æххæст кæныны дуджы æдзухдæр тахтис мигъты. Æмб. Кокойы фырт йæ машинæ скъæрдта ныфсджы- нæй æмæ æдасæй, йæ хæс æххæст кодта иттæг хорз. Муромы цур суыдта 80 автомашинæйы бæрц. 11: 5. 43 азы Харьков — Борисовка— Сумы — Харьков — Белгород — Чугуев — Мерефайы маршруты развæдагуырды йæ хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы зенитон артиллерк тынг æхста, фæлæ æмб. Кокойы фырт йæ хæс сæххæст кодта æмæ ныхмæлæууæджы тыххæй æрбахаста зынаргъ зонæнтæ. 15. 5. 43 азы йæ Стрелецкая — Тамаровка — Гайворон — Б. Писаревка — Ахтырка — Богодухов — Золочев — Муравлевка æмæ Харьковы æлхынцъы аэродромы маршрутыл йæ хæстон хæслæвæрд æххæст кæныны рæстæджы æхста зенитон артил- лери æмæ йæ ныхмæ атахъы бацыдысты 3 «Ме-109». Æмб_ Кокойы фырт хæслæвæрд сæххæст кодта æмæ штурманæн радта иу батахтæй Харьковы æнæхъæн аэродромы æлхынцъы ныв сисын кæныны фадат. Бафиппайдтой 100 хæдтæхæджы æмæ командæкæнынадмæ бавдыстой зынаргъ зонæнтæ. Уый æддейæ ма, Пушкаранийæ — Харьковмæ фæндагыл федтой 90 автомашинæйы цæугæ. г Æмб. Кокойы фырты æппæт иннæ хæстон атахтытæ дæр æххæст æрцыдысты æнтысгæйæ. Уымæн æвдисæн — фотоныв- тæ æмæ хæслæвæрдтæ ’ххæстгæнæг экипажты уæнгтæ. Хатдзæг: «Разæсгарынмæ æмæ ныхмæлæууæджы æфсæДтыд бомбæтæ ’ркалыны рæстæДжы 5 хæстон атахты æитысгæйæ 399-
■тæххæст кæныны æмæ зынаргъ зонæнтæ азрбавдисыны тыххæй у хицауадон хорзæх — Сырх Тырысайы орден райсыны аккаг. 454-æм бомбæзгъалæг авиацион полчы командир майор Тутулов. Бомбæзгъалæгавиациои полчы штабыхистæр майор Кускис». (Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты архив, Ко- койты Т. И. сæрмагонд хъущддаг, 2-аг сыф. Оригинал*). Зонадон институты ма Кокойты Тариелы хъуыддаджы ис .2'аг уæлдæфон армийы бардзырдæй ахæм сфыст: «21. 8. 1943 аз. №080/н. Архайæг æфсад. ССР Цæдпсы Сæйраг Советы Президиумы номæй немыцйг тыхæйисджыты ныхæ тохы фронты командæкæнынады хæстон хæслæвæрдтæ цæвиттойнаг æгъдауæй оæххæст кæныны æмæ уыимæ хъæбатырдзинад æмæ лæджыгъæддзинад равдисыны тыххæй хорзæхджын кæнын: Сырх Тырысайы орденæй. ...5. Кæстæр лейтенант Кокойты Ираклийы фыртТариэлы — 2-аг уæлдæфон армийы 454-æм бомбæзгъалæг авиациои полчы тæхæджы. 2-аг уæлдæфоп армийы командæгæнæг, авиацийы инæлар- лейтенант Красовский. 2-аг уæлдæфон армийы штабы хистæр, авиацийы инæлар- м&йор Качев. Бындур: Хъахъхъæнынады Министрады архив, сфыст 686044, хъуыддаг 4, сыфтæ 199, 204». Уый фæстæ хъæбатыр тæхæг хайад иста Курск—Орелы 1943 азы сæрдыгон карз тохты. Æппынæдзух йæхи æппæрста уæлдæфмæ, знаджы ныхмæ. Ссис авиацион цæджы командир. Æдыппæт 19 хæстон тахты куы акодта, уæд фæстаг атахты рæстæджы, знагæн стыр зиæнттæ ракæнгæйæ, йæхи хæдтæхæг дæр фæцæф ис цалдæр раны. Сæ аэродроммæ йæ судзгæйæ бæргæ ’рбахæццæ кодта, бадын дæр æй æркодта, уый размæ ма дыууæ хатты куыд бакодта, афтæ, фæлæ фæздæджы аххо- с’æй ангартыл сæмбæлд. Кокойы фыртæн райсæн дæр нал ’уыдис, тых æмæ йæ фыдтæй, æрдæг сыгъдтытæй раластой, йæ тæвдæй ма йе ’мхæстонтæм хъæр кодта: — Уæлдæфмæ мæ ауадзут, штурвалыл сбадыны фадат мын радтут, зæххыл мæ нæ фæнды мæлын!.. Фæлæ уый уыдис, хъыгагæн, йæ фæстаг атахт. Фондз боны æмæ æхсæвы санитарон хайы дохтыртæ фæтох кодтой хъæбатыр хæххон цæргæсы цард мæлæтæй фервæзыи кæныныл. Фæлæ йæй... • : . Уæлдæр æрхæсгæ документтæ æмæ æрмæджыты чииыджы йыхуыр ис^ «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæджы : -1 «Хуссар Ирыстоп Стыр Фыдыбястæйон хæсты рæстæджы (1941—1945 дзтæ), докумеиттæ æмæ æрмæджытæ». Хуссар Ирыстоны рауагъдады чия- гуыты сектор, Цхинвал, 1963 аг, 422—4234вм фæрстæ. '480
фыд Кокойты Алексаидры фырт Ираклимæ капитан Барабашы фыстæг» : «1943 азы 29-æм октябрь. Дæ фыстæгæн дын хъусын кæнын, дæ фырт — Кокойты Ираклийы фырт Тариэлы 1943 азы 26-æм июлы, йæ экипажы сконды хæстон хæслæвæрд æххæстгæнгæйæ, кæй фæцæф кодтой ныхмæлæууæджы куынæггæнæг хæдтæхджытæ, хъæба- тырæй мард фæцис социалистон Райгуырæн бæстæйы сæрыл тохты. Ныгæд æрцйд Курскы областы гор. Обояны цур уæлмæрд- ты. Æмб. Кокойы фырт уыдис нæ хуыздæр æмбæлттæй сæ иу, цытджынæй, арæхстджынæй æмæ цырд æххæст кодта йæ хæс Райгуырæн бæстæйы раз, бæрзонд æмæ хæрзиуæгон нысан — немыцаг тыхæйисджытæй нæ ахсджиаг зæхх ссæрибар кæны- пы хъуыддаг къухты бафтыны сæраппонд немыцаг оккупантты I ыхмæ тохмæ тахтис иыфсджын’ æмæ лæджыгъæдджынæй. Армийы 24-æм августы № 080/н бардзырдæй хæстои хæс- лæвæрдтæ æнтысгæйæ сæххæст кæкыны тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орденæй. Дæ фырты ном бирæ рæстæджы дæргъы цæрдзæн йе ’мбæлтты зæрдæты. Кад æмæ цыт дæуаш, йе ’схъомылГæнджытæн».* Кокойты Тариэлы æфсымæр Пæррæстаты Жора æнахъом лæппуйæ фæсхæст рарастис Тбилисмæ. Уырдæм æй æркодта, иу гуырдзиаг лæппуйæ цы фыстæг райста, уый. Конверты уы- дис йе ’мхæстон æрдхорд Тариэлы æфсæддон ныв æмæ хæрз чысыл фыстæг гуырдзиаг æвзагыл: «Кæд уæ Тариэлы тыххæй бæрæг базонын фæнды, уæд мæнмæ ’рцæут». Ныццыдис 16 аздзыд лæппу Тбилисмæ. Пастеры уынгыл иу фатермæ бакъуырцц-къуырцц кодта. Дуар ын бакодта сылгой- маг. Уый уыдис Тариэлы æмгар, йæ техникы мад. Лæппу дæр æм рауад æмæ йæ афарста: — Чи дæ, кæцон дæ? — Æз Тариэлы æфсымæр дæн, — ризгæ хъ’æлæсæй дзуапп радта Жора. Мидæмæ йæ бакодта. «Зæххыл мæ нæ фæнды мæлын!» ,— хæххон цæргæсы уыцы фæстаг дзырдтæ дæр æрхаста йæ хæстон æрдхорд, гуырдзиаг лæппу. Иу хатт зынгхуыст цæхæрцæст лæппуйы ’фсымæр фыстæг ныффыста партийы Курскы обкоммæ, цæмæй йын фехъусын кодтаиккой, ныртæккæ Тариэл кæм ныгæд ис, уый. Дзуапп ын радта фæскомцæдисы Обояны райкомы секретарь: — Нæ горæ^ъг алыварс иугай, ингæнтæ фæсхæст цытджын агъдауæй рахастам Обояны центры Пиоиерты паркмæ æмæ дс ’фсымæр, æндонбазыр хæххон -^цæргæс дæр æнцойад кæны æфсымæрон ингæны æнустæм!.. * Уый дæр уыцы чиныджы, 424-æм фарс. 26 ’ ^г
Джиоты Сололшн ЧЕСЕЛТГОЙМАГ Х/^ЕСТОН 1гыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд йæ хæдфæстæ, дыккаг бон Коцты Алексимæ фæсидтысты æфсæд- дон къамисариатмæ æмæ йын йæ бæрны бакодтой, æфсадмæ кæй арвыстой, иу ахæм къорд, 32 адæймаджы скондæй Ахал- цихы горæтмæ фæхæццæ кæнын. Ахалцихы лæууыд 20-æм хæх- хон æхсæг дивизийы хицæн бæхджын æфсæддон эскадрон. Уы- цы командæ æнæхъæнæй бацыд эскадроны скондмæ, Алек- си дæр семæ, афтæмæй. Алексй хæсты агъоммæ æфсæддон службæ ахицæн кодта.Каст фæци полчы скъола æмæ запа- сы политкъухдариуæггæнджыты къурсытæ. Уымæ гæсгæ ацы зскадроны Алексийы снысаи кодтой развæдсгарджыты къорды командирæй. 20-æм хæххон æхсæг дивизи 1941 азы июлы æрвыст æр- цыдис Хуссар-Ныгуылæн фронтмæ æмæ æрбынат кодта Харь- ковы областы. Хæсты æнцон æмæ æдас, кæй зæгъын æй хъæуы, ницы уый бæрц ис, фаелæ уæлдай тæссагдæр. хæс æвæрд вæй-. йы, развæдсгарджытыл. Уымæ гæсгæ уыцы хæс æххæст кæнын- мæ бакæнынц ныфсхаст, фидарзæрдæ, хъаруджын адæймæг- ты. Ахæмæй зыдтой Алексийы дæр йæ командиртæ, йе ’мбæлт- 402
тæ æМæ йыи-иу уымæн лæвæрдтой бæрнон æмæ ахсджиаг хæс> Тæ развæдсгарынмæ фашистты æфсæдты позицитæм бабырсы- ны хъуыддаджы. - . Бирæ хæттыты сæххæст кодта Алекси командирты бар- дзырдтæ. Уымæй нæ рох кæнынц, йæ хæстон фæндагыл цы алыгъуызон диссæгтæ федта, уыдон. 1941 азы октябры мæйы дивизийы командæкæнынад бахæс кодта 36-æм бæхджын æф- сæддон эскадронæн, цæмæй зонæнтæ райстаид, хъæу Лебяже- йы цы уавæр ис, уый тыххæй. Нырма зындгонд нæ уыд, не- мыцæгтæ уырдæм æрбахæццæ сты, æви нæ. Архайын хъуыд цырд æмæ дырысæй. Эскадроны командир йæ зæрдæ дардта не ’мзæххон Коцты Алексийыл æмæ йæм йæхимæ æрбасидт блиндажмæ. — Æмбал Коцы’ фырт, бæрнон хæс райстам дивизийы ко- мандирæй æмæ йæ ды хъуамæ сæххæст кæнай: æвæстиатæй ба- зонын’’ХъæуЫ, немыцæгтæ Лебяжейы хъæуы сты, &ви нæ, стæй сæм цы тыхтæ ис, сæхи куыд дарынц. Алекс^ ’лæмбынæг хъуыста йæ командирмæ. Хъуыддаг бæстон бамбæрста æмæ уыцы æнæфæкъуырццæй дзуапп радта: —Хæс æххæст æрцæудзæн, æмбал комбат! Алекси уайтагъд фембырд кодта, цы хæстонты йын • рахи- цæн кодтой, уыдопы. Алкæмæн дæр сæ лæмбынæг бйцамыдта, цы аразын хъæуы, уый. ! ’ —Сæр нæ бахъуыд, лæппутæ, хъуамæ сусæгæй бацæуæм хъæумæ, знаг нæ куыннæ бафиппайа, афтæ.. • - Алекси æмæ йе ’мбæлттæ æнæсыбырттæй б&хæцЦæ ’Сты хъæумæ. Бон цъæх кодта. Хъæуы фаллаг кæронæй хъуысти куыйты рæйын. Уалынмæ æрбарухс. Æввахс сæм цы хæдзæрт- тæ уыд, уыдон абæрæг кодтой, фæл-æ дзы знæгтæ нæ разын- дысты. Фæстæдæр уынджы дардмæ ауыдтой иу бæхуæрдон, йæ цуры цалдæр фашисты, афтæмæй. Махуæттæ сæхи æрцæт- тæ кодтой хæстмæ. Кæсынц, æмæ та разынд ноджы иу бæх- уæрдон гитлеронтимæ. Знæгтæ хæдзæрттæй æнтъухынц алы- гъуызон дзаумæттæ, уæлæдарæс, мигæнæнтæ хæринæгтимæ æмæ сæ æвæрынц бæхуæрдæттыл. — Кæсут, æмбæлттæ, — дзуры Алекси, — уæртæ рахизыр- дыгæй ноджы дыууæ бæхуæрдоны. Уыдон нырма дард сты, фæ- лæ уал мæнæ иннæтыл æвиппайды нæхи ныццæвæм! Нæ хæстонтæн цас гæнæн уыд, уый бæрц хæстæгдæр ба- цыдысты знæгтæм. /,, — Мæ фæстæ атæкæйы размæ! — скомандæ кодта Алекси. Сцырыни хæст. Знæгтæ цалынмæ сæ хæцæнгæрзтæ ифтыгътой, уæдмæдзы махуæттæ иу цалдæры, сфæлдæхтой. Скуыстой гра- наттæ, кæрдтæ. Знæгтæ цагъды фесты иу иннæйы фæдыл. Дыу- уæйæ иу хæдзармæ балыгъдысты, фæлæ сæ махуæттæ басырд- той, сбастой сæ. Уалынмæ, фаллаг уынджы цы фашисттæ уыд, уыдон авто^аттæй æхсгæ æрбабырстой. Фæлæ цырддзаст ко- 403
мандирæй уыдон дæр рох нæ уыдысты, фездæхтысты уыдонмæ дæр æмæ сын аккаг фесты: иунæг дæр дзы йæ къахыл нал лæууыд, æхст сæ нал хъуыстис. Дыууæ уацайраджы дзы ра- кодтой æмæ æрбаздæхтысты фæстæмæ. Алекси æмæ йæ развæдсгарджытæ иттæг хорз сæххæст код- той сæ командиры хæстод хæс. Семæ цы уацайрæгты ракод- той, уыдон уайтагъд арвыстой дивизийы штабмæ. Уацайæрг- тæ фехъусын кодтой ахсджиаг зонæнтæ. Уый стыр ахъаз фæ- цис не ’фсæдты хæстон операцитæн. ■ Алекси æмæ йе ’мбæлтты хъæбатырдзинады тыххæй фыс- той фронты газеты. 1942 азы Г, январы (æхсæвьг Алексийы ротæ бабырста Пе- ченегийы хъæумæ, скуынæг кодтой фашистон гарнизоны иу хай, хæлæн æрмæгæй фехæлдтой хæстон æрмæджыты æфтауц- дон æмæ раздæхтысты се ’фсæддон хаймæ. Уыцы хæстон хæс хорз кæй сорганизаци кодта æмæ йæ намысджынæй сæххæст кæныны йæхæдæг дæр активон хайад кæй райста, уый тыххæй Алексийы схорзæхджын кодтой Сырх Стъалыйы орденæй. 1942 азы 9 марты Алекси хайад рапста, Копенгайы хъæуы иы карз тохтæ сцырын, уым. Сæ батальон бацахста хъæуы ру хай, фæлæ ныхмæлæууæджы тыхтæ бирæ фылдæр кæй уьг дысты, уый тыххæй сæ бон нал баци хъæу бынтондæр ссæри- бар кæнын, æмæ бирæ тугкалды фæстæ алæууыдысты фæстæ- мæ. Уым Алекси фæци уæззау цæф. Дыууæ фашистон топпы нæмыджы нырма дæр йæ буары сты. Хос ын кодтой фыццаг Воронежы госпиталы, стæй та -Ленинабады. Уый фæстæ, 1942 азы июлы æрыздæхтис Цхинвалмæ дыккаг къорды инвалидæй. Коцты Алекси райгуырдис 1915 азы Дзауы районы Цъама- ды хъæуы. 1932 азы каст фæцис колхозон фæсивæды скъола, 1935 азы та — Орджоникидзейы горæты кусфак æмæ уый фæ- стæ та педагогон институты дыууæ курсы. 1936 азæй 1939 аз- мæ Алекси сæххæст кодта йе ’мбæстагон хæс Сырх Æфсады рæнхъыты. Уый фæстæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы онг куыста Зары астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй. Коцы фырт 1942 азы хæстæй куы рыздæхт, уæд æй цалын- мæ йе нæниздзинад не сфидар, уæдмæ уыд сæхимæ, хæдзары. Уьтй фæстæ йæ партийы обкомы уынаффæмæ гæсгæ барвы- стой кусынмæ мидхъуыддæгты органтæм æмæ дзы фæкуыста 1960 азмæ. 1961 азæй нырмæ такусы бастдзинады областрн урравленийы хистæр инспектор-контролгæнæгæй.
Голоты Владимир УЫДОН СХÆЛАР СТЫ ФРОНТЫ æлар. Фондз дамгьæйæ арæзт дзырд, фæлæ йын царды цы стыр нысаниуæг ис, цы! Хæлар алыран дæр хорз у: куысты, фæндагыл, цины дæр, хъыджы дæр. Æмæ раст куы зæгъæм, уæд^ дзы хæсты цæхæры, царды иууыл зындæр уавæ- ры ссаргæ хæларæн æмбал нæй. Уый æфсымæрæй хъауджы- дæр нæу. Цал æмæ цал адæймаджы фервæзт мæлæтæй сæ хæлæрт- ты фæрцы, цал æмæ цал адæймаджы æрхастой сæ сæр нывон- дæн сæ хæлæртты тыххæй, се ’мбæлтты тыххæй. Сæ риу знаджы топпы дзыхмæ даргæйæ, фæрсæй-фæрстæм Волгæйы донбылгæрæттæй Эльбæйы донбылгæрæттæм чи ацыд» знаджы йæ’зонгуытыл чи æрлæууын кодта æмæ Уæлахизы тьг рыса Берлины Рейхстаджы сæрмæ чи æрсагъта, ахæм хæлæрт- ты тыххæй бирæ фыстæуыд, бирæ зарджытæ сыл скодтой æмæ сыл дарддæр дæр кæндзысты. Ахæм хъæбатыр хæстонтæ уыдысты цхинвайлаг Кулиджа- нов Уасил, гуйраг Мчъедлишвили Баграт æмæ волгоградаг Пономарев Федыр. Æртæ хъæбатыры, æртæ хæлары хæстон стыр фæндаджы тыххæй^ сæ хæлардзинады тыххæй мах фæнды радзурын. * * * •* Цхинвалы милицимæ æрцыд фыстæг. Уым фыстæуыд: «Зынаргъ æмбæлттæ! Ацы фыстæг уæм фыссын æмæ мæ сы- махæй ныфс ис кæй мын баххуыс кæндзыстут мæ хæстон хæ- 405^
Мчъедлишвили Баграт Кулиджанов Уасил лар Кулиджанов Уасил Ягоры фырты ссарыны хъуыддаджы. Уыимæ мах иумæ уыдыстæм фронты, Волгæйы донбылгæрæтты дæрæн кодтам знаджы. Уасилимæ иумæ мах уыдыстæм танки- сттæ. Никуы мæ ферох уыдзæн, мæлæтæй мæ куыд фервæзын кодта, уый. Нæ танкæтыл абырстам атакæйы. Нæ фæдыл цы- дысты фистæг æфсад. Знагæн фæкодтам мæлæтдзаг цæф: би- рæ скуынæг кодтам уымæн йæ техникæ æмæ нæ удæгас тых- тæй. Фæлæ нæ иу хатт фæстæмæ лæууын бахъуыд. Фашисттæ нæ æхстой сармадзантæй, мæ танкæйыл сæмбæлд цалдæр нæ- мыджы æмæ иу ран дзыхълæуд фæкодта. Бирæ ма йыл фаг цархайдтон, фæлæ йæ мотор нал скуыста, нæмгуытæ дæр мæм нал уыд. Хæлд танкæй рахызтаиккам æмæ нæхирдæм рацы- даиккам, уый фадат дæр нæ уыд: немыцæгтæ нæ тæккæ цур уыдысты æмæ ныл, ихуарæгау,.нызгъæлстаиккой алыхуызон хæ- цæнгæрзтæй. " Цы ма хъуамæ сарæзтаиккам: нæ танк-æйы бадгæ -æнхъæл; М1ай кастыстæм мæлæтмæ. Уалынмæ кæсæм æмæ нæ танкæтæи иу фæстæмæ фездæхт, нæ цурмæ æрбацыд, буксирæй нæ алас- та. Мах дис кодтам, чп у, зæгъгаз, уыцы хъæбатыр танкист. 406
Немыцæгты сармадзапты нæмгуытæ нæ алы фарс хæлдыс- ты, фæлæ хъæбатыр танкист уæддæр йæ куыст кодта: фрон- тытæккæ цæхæрæй нæ ласта нæхирдæм, æдас бынатмæ. Иу- чысыл ма нæ хъуыд нæхи позицитæм, афтæ сардеадзаны нæ- мыг сæмбæлд, буксирæй нæ цы танкæ ласта, ууыл’ дæр æмæ æрлæууыд. Фæлæ ныр знæгты къухы бахауынæй тас нал уыд. Нæ танкæйы экипажы ахæм фыдбылызæй чи фервæзын кодта, уый уыд уæ горæттаг .Кулиджанов Уасил Ягоры фырт Цалынмæ цæрон, уæдмæ йæ никуы ферох кæндзынæн., Æмæ канд æз иæ, фæлæ мæ бинонтæ дæр æнустæм сæ зæрдыл дар- дзысты, мæ хæстон- хæлар Кулиджановы ном æмæ уыи махæн, нæ хæдзарвæндагæн цы стыр хæрзиуæг сарæзта, уый. Иттæг .зæ’рдиагæй уæ курæм, фехъусын нын кæнут, кæм ис ньфтæккæ .Кулиджанов». Фыстæгыл йæ къух фыста Ф. Я. Пономарев. Дыккаг бон , Волгограды областы Дубовочкæйы хъæумæ атахт дзуапп: — Зынаргъ Федыр Я|горы фырт! Дæ хæстон хæлар Кули- джанов Уасил Ягоры фырт у сæрæгас, цæры æмæ кусы Цхин- валы. Мæнæ дын. йæ адрес... Пономарев йæ. х^æларм^æ йæ хабæрттæ куы фыста, афтæ постхæссæг бахоста рудзынг æмæ йæм радта фыстæг. Федыр Ягоры фырт æркаст конвертмæ æмæ йыл дзырд Цхинвал куы ауыдта, уæд æй уайтагъд райхæлдта æмæ йæ стыр разæнгар- дæй райдыдта кæсын: «Мæ зынаргъ хæлар Федя, куы зонис, куыд тынг æхсызгон мын уыд, сæрæгас æмæ дзæбæх кæй дæ, уый. Мæ- фронтон фæн- даг æз фæдæн Берлины. Нæ хæстонтæ Рейхстаджы къултыл сæ нæмттæ куы фыстой, уæд дзы æз дæр зулмæ гуырдзиагау мæ къух бафыстон. Уадз æмæ, зæгъын, ацы ’ппæт къухфыстыты ’хоæн мæ къухфыст дæр уæд...» Уасил Ягорьт Фырт йæ фыстæджы кзæрон фыста йæ уырыс- саг’ хæлармæ: «Мæ зынаргъ Федя, ды мæ дæхæдæг зоныс, æз фыссынмæ уадиссаг дæсны нæ дæн, стæй канцыларьг куыст чысылæй фæс- тæмæ мæ удхæссæг у. Мæ хабæрттæ дæм иууыл куы фыссон, уæд æгуыст фæуыдзынæн. Фæлæ дьгн цы зæгъон, уый зоныс: æрцу мæм уавæгуаты æмæ фен дæхи цæстæй мæ цард, базон- гæ у мæ бинонтимæ. Ам нæ зæрдæйы фæндиаг ныхæстæ дæр фæкæндзыстæм». , Федыр Ягоры фырт нæ фæзивæг кодта дард балцы рацæ- уынмæ. >Улæфт- йн куы радтой;;уæд йе ’фсины дæр’ йемæ ра-( кодта æмæ уазæгуаты æрцыд’ Цхинвалмæ йæ хæлармæ. Ам би- ра&зæрдæбын ныхæстæ фæкодтой дыууæ танкисты, æрæмысы- дысты Сталинграды стыр тохтæ. Хæсты цæхæры чи басыгъд, Райгуырæн бæстæйы оæрибардзинад æмæ хæдбардзинады тых- 407
хæй йæ сæр нывондæн чи ’рхаста, уыдон кой сæм куы æр- хаудта, уæд æрынкъардысты æмæ иуцасдæр зæхмæ æдзынæгæй кастысты. — Ацы агуывзæйæ мæн фæнды, нæ хорз æмбæлттæй фро- нты ли уыд æмæ чи нæуал æрыздæхт, уæлæнгай ингæнты тагъд-тагъд кæй ныгæдтам,, уыдоны ном ссарын. Бирæ хорз æмбæлттæ нал æрæздæхтысты сæ хæдзæрттæм, сæ бинонтæм. Цардмæ бæлгæйæ, сæхи радтой нæ абоны амондджын царды тыххæй, нæ рухс фидæны тыххæй. — Дæ ныхæстæ, мæ хæлар Федя, мæ зæрдæйы тугдадзин- ты фæмидæгысты æмæ мьга æрымысын кодтой иу цау, — дзырд- та Федыр Ягоры фырт, — акъоппы бадтыстæм æмæ æнхъæл* мæ кастыстæм размæ абырсыны тыххæй бардзырдмæ. Ныхас нæм æрхаудта, хæсты фæстæ чи цы араздзæн, ууыл. Ахъуыды ма кæн: хæст йæ тæккæ тæмæны уыд æмæ уæддæр нæхæстон- тæ сабырадон цардыл хъуыды кодтой. Ацæргæ адæймæгтæй алчи зыдта йæ , професси. Фæлæ не ’фсæддон хайы иу лæппу уыд,-гнырма йæ хъуымыз йæ былтыл кæмæн нæ басур, .ахæм. Уый дæр хъуыста нæ ныхæстæм æмæ йæм ныхасы рад куы ’рхаудта, уæд арф ныуулæфыд æмæ загъта: — Хæсты фæстæ æз ахуыр кæндзынæн. Мæ бæ-ллиц у инженер суæвын, цæрæн хæдзæрттæ аразын. Лæг йæ къухтæй арæзт бастыхæйттæ куы уына, уæд ма уымæй хуыздээд) цы хъуамæ уа. Уалынмæ бардзырд райстам æмæ абырстам атакæйы. Вадим ( афтæ хуынд уыцы лæппу) цырд згъорста æмæ йæ разæй никæй ауагъта. Фашисттæ æмбæхст цы акъоппыты уыдыс-. ты, уыдон цурмæ куы бахæццæ, уæд сыл фæд-фæдыл цалдæр гранаты фехста æмæ йæхæдæг дæр. ныггæпп кодта акъопмæ. Уым лæгæй-лæгмæ фыццаг хатт фембæлд знагьгл æмæйæ маст систа: фашисттæй амардта фондз. Фæлæ æхсæзæм фашистмæ йæ автомат куыд фæдардта, афтæ йæ риуыл амбæлд знаджы нæмыг æмæ уадидæгæн умæл зæххыл æрхауд. Æз ма йæм ба- згъорстон, йæ сæрыл ын схæцыдтæн, фæлæ дæ фыдгул афтæ. Нал бантыст Вадимæн йæ бæллиц сæххæст кæнын. Хæсты быдыры нын цы æмбæлттæ баззад, уыдон ном, кæй зæгъын æй хъæуы, мысын хъæуы. Фæлæ ма æз зæгъдзыиæи афтæ: уыдон цы хъуыддаджы тыххæй тох кодтой, уый чи хъахъхъæны æмæ йæ чи рæсугъддæр кæны, уыдон.цæрæнбонтæ бирæ уæнт. Вадим бæллыд инженер суæвынмæ, хæдзæрттæ аразынмæ. Дæхæдæг федтай Сталинграды. Дур дзы дурыл нал баззад, æвзалы æмæ ’ дзы æртхутæджы йедтæмæ цæст ницæуыл хæцыд. Ныр ма йæ, фен: цы уыд, авд ахæмы фестад: .Баназæм хъæбатыр советон\ адæмы тыххæй, нæ рæсугъд фидæн коммунизмы тыххæй». $ { Дыккаг аз та Уасил Кулиджанов уыд уазæгуаты Федьф Пойомаревмæ. Сæ иу иннæмæ æгæр куы бафæстиат кæны фыстæг арви- 408
тын, уæд иннæ тыхсын байдайы, кæм дæ, мæ хæстон хæлар, цæмæннæ исты фыссыс, зæгъгæ. * * * Мчъедлишвили Багратимæ дæр Кулиджанов Уасил Волго- грады базонгæ ис. Уырдыгæй суанг Берлинмæ иумæ фæрсæй- фæрстæм цыдысты. Багратæн уыд бинонтæ, сывæллæттæ, Уаси- лæн ус дæр нæма уыд. Иу ран сæ цуры сармадзаны нæмыг фехæлд æмæ Уасилæн йæ агьд фæцæфи. Уасил фенхъæлдта мæлæтдзаг цæф у æмæ Багратæн зæгъы: — Баграт, мæ хæлар ма дæ-иу ферох уæд мæ хæдзармæ мæ мæлæты тыххæй фехъусын кæньш. Баграт ын йæ цæф бабаста æмæ йæ йе ’ккой санитарон пунктмæ бахаста. Æрвылбон дæр Баграт бæрæг кодта йæ хæ- лары. Агьды цæф тагъд байгас æмæ та Уасил фæстæмæ йе ’фсæддон хаймæ баздæхт. Багратæн æхсызгон уыд, йæ хæлар та йæ фарсмæ кæй æр- лæууыд, уый. Багратæн ис хорз хъæлæс æмæ иу хатт акъоппы гуырдзиа- гау азарыд «Суликъойы зарæг». Уасилæн йæ зæрдæмæ фæцыд зарæг æмæ йын афтæ: — Ус куы курон, уæд мын къухылхæцæг ды хъуамæ уай, чындзæхсæвы ацы зарæг дæр хъуамæ акæнай. — Сæрæгасæй нæ хæдзæрттæм ныздæхæм, мæ хæлар, уый йедтæмæ дын ахæм хъуыддагмæ нæ фæзивæг кæндзынæн, — загъта йын Баграт. А^сæм дзуапп ын радта, фæлæ Баграты уæд кæм уырныдта, хæсты цæхæрæй ма дзæбæхæй аирвæздзысты, уый. Уый уæд уыд стыр бæллиц, фæлæ сæххæст уыцы бæллиц. Уасил Натела- йы куы хаста, уæд ын Баграт уыд къухылхæцæг æмæ уæдæй ф,æ- стæмæ, кæд бирæ рæстæг рацыд, уæддæр Уасилы хæдзар Баг-. ратæн у йæхи хæдзарау, куыд хистæр, афтæ кувæг дæр уый вæййы. Пономарев Ф., Кулиджаиов У. æмæ Мчъедлишвили Б.^ бирæ хорзæхтæ æрхастой хæстæй. Кулиджанов Уасил æрæздæхт æртæ хорзæхимæ æмæ нæ бæстæйы Гарзджын Тыхты Сæйраг Хистæр командæкæнынадæй та райста 29 арфæйы. Уый хайад иста дæсгай советон горæттæ ссæри,бар кæныны сæрыл тохты. Пономарев’ Ф., Кулиджанов У., Мчъедлишвили Б. цытимæ æххæст кæнынц.уыцы фæдзæхст.1 Пономарев кусы колхозы, Ку- лиджанов АТК-йы, Мчъедлишвили та — арæзтадон управле- нийы. ’ ’’ ^’ »/ •
Хуыгаты Сергей СИМОНЫ СТЪАЛЫТÆ ■ырх Дыгуры бæрæг астæу ис бæрзонд цырт. Йæ цъуппыл — фондзтигъон стъалы. Цырты фарсмæ дурын къулыл нывгонд — цалдæр хæстоны. Адæймаг сæм куы фемдзаст вæй- йы, уæд æм афтæ фæкæсы, цыма ныртæккæ рахиздзысты къу- лæй æмæсæразæй акæндзысты, сæ сабыр цард сын чи фехæлд- та, уыцы цыфыддæр знæгты. Цырт самадтой хъæуы цæрджытæ. Сырх Дыгурмæ йæ хæс- тон балцæй чи нал сыздæхт, уыцы æдзард, зынгхуыст хъæба- тырты нæмттæ мысынæн. Арæх изæрыгæтты цыртмæ æрцæуы иу бæзæрхыгтæарæзт нæлгоймаг. Йæ сæр сурс и. Фæуæззау йæ къахайст. Хæстæг ба- нæуы цыртмæ æмæ йæм дзæвгар рæстæг фæкæсы... Уый у Къалаты Симон. : ...Сырх Дыгуры фæзынди’фыццаг цæрджытæ. Ныллæг, ка-> уынкъул, хъæмпынсæр халагъудтæй-иу райсомæй фæздæг куы*< скалди, уæд-иу сæм кæсгæйæ баззади Симон — хъæуы фыццат тракторист. Цыдæр æнахуыр цин-иу фæзынди йæ зæрдæйы, æр- фæндыд-иу æй халагъудтыл æрзйльш. Хъæуы цæрджытæй-иу 410
алкæмæн дæр загъта: «Дæ райсом хорз», алкæмæн дæр сæ æвæрдта ныфсытæ. Стæй-иу ацыд быдырмæ. Сбадт-иу йæ трак- торыл. Симон зарыд фæллойы кад æмæ адæймаджы намысыл. Æнæкæрон зарæг, хурау, зæрдæмæхъармхæссæг зарæг... Куыс- 7а Симон, йæ цæстыты раз рæзти хъæу. Сындæг, фæлæ ныфс- джын къахдзæфтæ кодта размæ хæхтæйæрлидзæг адæмы цард. Иу бон, сихорафон уыдаид, афтæ сыхъуыст Симонмæ æвир- хъау хабар: райдыдта хæст. Фыццаг хатт æрцыди бонрæфты пæ куыстæй хъæумæ. Хæдзæртты рæзты тыгуыртæ кодтой сыл- юймæгтæ, тигътыл ’ лæууыдысты лæгтæ. Бадгæ ничи скодта. Бадынмæ никæйы æвдæлди. Дыккаг райсом хъæуæй тугкалæн хæстмæ фæндараст код- той бæлццæтты фыццаг къорд. Уыдонимæ фæцыдис Къалаты бæлццон дæр. Зарыдысты, кæд судзгæ маст хъæлæс æхгæдта, уæддæр ахæм фæндагыл æнæзаргæ нæ уыди. Дард уыдис йæ хæстон фæндаг Симонæн, Грознайæ суанг- дæр Кенигсбергмæ. Уымæн бирæ тых хъæуы. Стæй ма йып тых педтæмæ ноджы хъæуы цардыл стыр æнувыд уæвыи. Цард тынг бирæ чи уарза, æрмæст уый бон бауыдзæп ахæм зын фæн- дагыл фæцæуын. Бирæ диссæгтæ федта йæ фæндагыл, æмæ сæ ныр, фынфе- 1'æгау, æрымысы. Сармадзанæй ’немыцаг «дзот» куыд ныппырх кодта, знаджы фæсчъылдымæй йæ цæф командиры куыд рахас- та, 1942 азы горæт Великие Лукимæ хæстæг иу хæлд ныккæи- ды партийы рæнхъытæм куыд цыди, 1945 азы йæ Сырх фæзмæ Уæлахизы парадмæ куыд арвыстой... Хæст куы фæцис, уæд æрыздæхтис Къалаты бæлццон дæр пæ хъæумæ. Р1æ фæтæн риуæй цæхæртæ калдтой хæстон дæс хæрзиуæджы, уыдонимæ Кады ордены æртæ къæпхæны дæр. Æрыздæхт Симон, фæлæ хъæу хæлæццагæй æрыййæфта. Куывдтæй арæхдæр уыдысты хистытæ. Хæдзари-хæдзар цыдыс- тьг урсзачъе зæрæдтæ, тæфæрфæс кодтой зианджынтæн. Ахæм сахат-иу Симон та адæмæй æмбæхсгæ кодта, афтæ йæм каст, цыма чи фæмарди, уыдоны раз истæмæй къæмдзæстыг у. Дысвæлдæхтæй райдыдта кусын Симон. Быдыргæс, брига- дир, фермæйы хицау, цæгдар цы куыст нæ бакодта! Æмæ кæмдæриддæр сыгъдæг дардта йæ цæсгом, къæм абадын ыл никуы бауагъта. Ныр йæ 60 азы йæхи фесты, паддзахад ыи фиды пенси, фæлæ æнцад бадын нæ зоны. Райсомæй сыхæгтæ цы куыстмæ .фæцæуыпц, уырдæм та фæраст вæййы, уый дæр. Хъæубæстæ, колхозы разамынд цы хъуыддæгтыл фæсагъæс кæ- кынц, ууыл вæййы Къалайы фырты сагъæс дæр. Гъе, æрмæст æй иу хъуыддаг æнцой нæ уадзы. Йæ фырт- тæ Георги æмæ Сергей горæт Орджоникидзейы цæрынц. Геор- т кусы заводы, Сергей та — Хæххон хъæууон хæдзарады инсти- туты аспирантурæйы ахуыр кæны. Æмæ бауырдыг вæййынц сæ 411
фыдмæ: «Æгъгъæд дын у кусын; иучысыл æнцойдзинад дæр бавзар. Рацу горæтмæ». Æмæ хъуыдытыл бафты Симон. Куыд ныууадза, йæ цæрæн- бонты кæуыл фæфыдæбон кодта, уы’цы зæхх, дыууæ хатты хæ- дзар кæм сарæзта, уыцы хъæубæстæ, йæ уарзон адæмы... Æмæ, уæдæ ис фырттæй иунæгæй дæр куыд цардæуа? — Фæлæ уый ницы кæны. Бæстæ сабыр уæд, æндæр ахæм хъуыддæгтæ æнцонаразæн сты, — фæзæгъы Симон. О, сабырдзинад хъæуы адæмы. Хъуамæ бон хур кæса цъæх- цъæхид арвæй, æхсæв та — стъалытæ. Адæмы амондджын цард рухсгæнæг стъалытæ... *
Пухаты Илья МЫСИНАГ ХÆСТОН ФÆНДАГ |азыгджын у Къацты Ильяйы фырт Георгийы куыст æмæ хæстон фæндаг. Уый райгуырдис 1912 азы Знауыры рай- оны Уахтъанайы хъæуы зæхкусæджы хæдзары. Георги каст фæцис Уахтъанайы райдиан скъола æмæ уый фаестæ куыста Тбилисы маргаринаразæн заводы. 1934 азы хорз иысæнттимæ каст фæцис Тбилисы ирон педтехникум. 1941 азы немыцаг балбирæгътæ иæ Райгуырæн бæстæмæ куы ’рбабырстой, уæд Къацты Георги барвæндонæй ацыд фронтмæ. Георги уыдис 5-æм хъазуатои армийы, 266-æхсæг дивизийы 1010 æхсæг полчы 1-æм ротæйы командиры хæдивæгæй. 1943 азы, Георги æрвыст æрцыдис афицерты скъоламæ г. Горькимæ æмæ йæ каст куы фæцис, уæд фæстæмæ ’рыздæх- тис, раздæр ц& полчы уыдис, уырдæм, куыста 1-аг батальоны парторгæй. Уый уыдис 1944 азы сæрды. Георги цы батальоны уыд, уый 413
йæхи цæттæ кодта немыцы позицитæ сатакæ кæмынмæ. Гитле- ронтæ сæхи æрфидар кодтой Днестры цæугæдоны рахиз фарс>" фæлæ Георгииты батальон баййæфта знаджы æмæ йын ахъаз- заг цæф фæкодта. Батальон хъуамæ Днестры сæрты ахызтаид фыццаг полчы разæй, Дубоссары хъæуæн цæгат фарсырдыгæй. Ацы бардзырд уыд полчы комаидир дæлбулкъон Загародскийæ. Батальон йæхи хорз бацæттæ кодта Днестры сæрты ахизынмæ, хъуамæ немыцæгты фæсырдтаид, доны фаллаг фарс сын цы хъахъхъæ- пынадон позицитæ уыдис, уырдыгæй. Георги тохмæ рагагъоммæ бацæттæ кодта батальоны партиоиты æмæ фæскомцæдисонты. Георги йæхæдæг ахызт æппæты фыццаг йæ ротæимæ доны сæрты. Уый уыдис æнæнхъæлæджы ныббырст. Знæгтæ фер- гъуыйау сты æмæ сæхи айстой. Ротæ плацдарм бацахста æмæ уæд полчы иннæ дæлхæйттæ дæр доны сæрты ахызтысты. Ацы хæстон операцийы Георги йæхи хъæбатырæй кæГ5 рав- дыста, батальоны партион æмæ фæскомцæдисон тыхтæ хорз кæй равæрдта, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Сырх Стъа- лыйы орденæй. 1945 азы 16 апрель. Знаджы хъахъхъæдадон позици хъуыд атонын станц Цехины (ГерманЫ). Ам æрбынат кодтой немы- иæгтæ, фæлæ та ардыгæй дæр сырд байй&фтой. Гёорги уыд знаджы ныхмæ атакæйы раззаг хаххы салдæттимæ. Знаджы траншейтæм бабырста æппæты фыццаг æмæ дамбацайæ йæхæ- дæг амардта цалдæр немыцаг салдаты. 17 апрелы хъæу Кваппекдорфмæ хæстæг, Одеры цæу- гæдоны сæрты хизгæйæ, батальоны хæстонтæй æппæты фыццаг фаллаг фарсмæ ах’ызт Къацты Георги. Иемыцаг фашистты фи- дар позици допы фаллаг фарс атынд æрцыди æмæ ’йæ фæстæ дивизи дæр рæстæгыл ахызт Одеры сæрты. Ацы хæстон операци æнтысгæйæ кæй ацыд æмæ немыцæг- ты ныхмæ ’тохы хъæбатырæй йæхи кæй равдыста, уый тыххæй Къацты Георги хорзæхджын æрцыдис Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæны орденæй. Георги хайад иста, Одеры цæугæдоны фаллаг фарс цы карз хæстытæ уыд — хъæу Гросс-Ноендорф (Германы), уым дæр. Георгийы батальон, размæбырсты ацæугæйæ, знæгты. фæтард- та тынг фидаргонд бæрзæндæй. Ацы тохты дæр та Георгп хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йæ.’В.-æм армийы командæгæнæг инæлар-булкъои Горбатов æмæ.армийы æфсæддон Советы уæнг., инæлар-манор Шелаховский бавдыстон ног хорзæхмæ æмæ йын; радтой Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къæпхæны орден. Хæсты фæстæ уæлахизхæссæг’.хъæбатыр хæстон æрыздæхт йаЬ райгуырæн бæстæм æмæ та зæддиагæй æрывнæлдта сабыра- дон цард аразынмæ. Ч1, ^
Хъуылаты Чврмен ДУНЕ САБЫР УÆД æрдыгон райсом. Арвыл мигъы къæм нæ зыны. Хур йæ зæлдаг хъæццул айтыгъта хæхтæ æмæ быдыртыл æмæ, куыд фæзæгъыиц, æрдз æгасæй дæр сыгъдæг поэзи фестад. Ба- змæлыдысты Беслæиы уынгтæ. Фæшеуы Камал æфсæивæндаджы вокзалы ’рдæм. Фæлга- сы фæйнæрдæм æмæ та йæ зæрдæ барухс вæййы. Уынджы фæй- кæфарс^ бæрзонд фæцыдысты бирæуæладзыгон цæрæи хæдзæрт- тæ. Иуты дзы æрцардысты, ипиæтæ дæр арæзт фæвæййынц æмæ сæ рæхджы æрцæрдзысты. Кæсы К’амал аразджыты цæрдæг февнæлдмæ æмæ та сæ ныббуци. Ныббуц канд уыдонæй нæ, фæлæ йæхицæй дæр. Уымæн æмæ дзы йæхи къухты фæллой дæр ис. Уæртæ уæзисæн кран зæххæй. кæй фезмæлын кодта æмæ цыппæрæм уæладзыгмæ цар .æрæмбæрзыимæ кæй фæхæссы, уыцы æфсæйнаг-бетон «фæйнæджытæ» Беслæны æфсæйнаг-бе- тон. конструкциты заводæй рацыдысты. Уырдыгæй рацыдысты фæрссæгтæ æмæ дуæртты уæлвæйиæджытæ, тарвазтæ æмæ бал- 415
къæтты бындуртæ. Стæй канд уыдон иæ. Уыцы заводы арæзт сты, мæнæ уынгты æмæ фæндаггæрæтты цы æфсæйнаг-бетон телхъæдтæ ис, суанг уыдон дæр. Камал та уыцы заводы дирек- торы хæдивæг у. Нæ бæстæйы милуангай адæмтау, ныртæккæ сабыр царды фæллой у сæйраг нысан, йæ хуыздæр бæллиц Камалæн, Йæ зæрдæ рухс у йе ’рмдзæфæй. Сабыр царды нысантæн, адæ- мæн лæггад кæнын уыдис йæ бæллиц, суанг сабийы бонтæй йæ- хи æмбарынхъом куы ’фæцис, уæдæй фæстæмæ дæр. Мæнæ’ ацы горæты райгуырд, ам схъомыл, йе ’мгæрттимæ ам фæцис каст астæуккаг скъола. Дарддæр ма йæ сахуыр кæнын бæргæ фæн- дыдис, фæлæ æгæр бирæ уыдысты Мамсыраты бинонтæ, йæ фыд Умар фараст даринагыл не ’ххæссыд. Æмæ-иу цотæй чи куыд рахъомыл, афтæ-иу æй бахъуыдис йæ дыстæ арф батулын, ныййарджытæн æххуыс кæнын. Æмæ Камал дæр сси дæсны зырнæйзилæг. Куыста завод «Электроцинчы», Садоны æрзæткъахæнты, Зджыды, вагæт- тæцалцæггæкæн заводы. Уæдмæ йæм фæсидтысты Советон Æф- сады рæнхъытæм. Уый уыдис хæсты райдианæй дыууæ мæйы раздæр. Бахаудис Киевы хæстон зылды иу артиллерион полк- мæ, тæккæ ныгуылæйнаг арæнмæ. Хæстон фæндæгтæ!.. Гуыргъахъ æмæ тугæйахуырст фæн- дæгтæ...Æвæдза, ууыл Мамсыраты Камалæй фылдæр фистæгæй бирæ адæймаг нæ фæцыдаид. Бæстæйы ныгуылæйнаг арæнæй райгуырæн Ирыстонмæ, Ирыстонæй — Берлинмæ... Хæсты уæз- зау бонты!.. Æвæ’Дза, Камалы бæрц бирæ нæ бавзæрстаид... фыццаг минутæй фæстаг къуыримæ!.. . < ...Уыцы сæрдыгон кæркуасæнты полчъы радгæс афицеры фæдисы сигнал радтыны сæр хъæугæ дæр нал бакодта. Бæстæ хæдтæхджыты моторты уæззау унæргъыны бын куы фæцис æмæ бомбæты срæмыгъдтытæ куы анæрыдысты, уæд хæстонтæ сæ бынæттæй куыннæ фæгæппытæ ластаиккой... Æмæ фехъуыс- той æвирхъау хабар: «Райдыдта хæст»..: Уæлдæфы тахтысты мæлæтхæссæг фашистон хæдтæхджытæ, арæнæй æрбазындысты фашистон танктæ æмæ фистæг æфсæдтæ. Камал кæм уыдис, уыцы полк тынг хъæддыхæй æрлæууыд лæбурджыты ныхмæ. Уыцы бон сын сæ размæбырст ныуурæдта. Фæлæ дыккаг бон утæппæт танкты æмæ хæдцæугæ сармадзан- ты бауромын йæ хъару нал бацис. Райдыдта фæстæмæ цæуыны уæззау, сагъæссаг рæстæг. Луцк... Житомир... Белая Церковь... Хæсты фыццаг къуыриты æппа^ты карздæр хæстытæ рауа- дис Киев бахъахъхъæныныл. Æмæ дзы стыр хъæбатырдзинад чи равдыста, уыдонæй иу уыдис Мамсыры фырт дæр. Сарма^ дзантæ æмбу кодтой, арв æмæ зæхх кæрæдз’и хостой. Размæ- бырсæг знагыл цыд стыр зиæнттæ. Махонты рæнхъытæ дæр та- дысты. Камалы взводы-хæстонтæй æртыццаг хай дæр нал баз- зад. Фæлæ командиры ныфс нæ "асаст. Уый йæ дæлбарты ра- 416
рæнгард кодта ноджы хъæддыхдæр фæлæууынмæ, æдзардæй райгуырæн бæстæйы сæраппонд мæлæт чн ссардта, уыцы æм- бæлтты туг райсынмæ. Иуахæмы’ йæ . цæстытæ атарытæ сты, ахауд, ницыуал бамбæрста... Немыцаг бомбæйы схъис йæ куыст бакодта. Зæнджы стæг ныммур... Æмæ, иннæ цæф хæстонтимæ, Камалы поезд æрхæццæ код- та йæ райгуырæн Ирыстонмæ, Орджоникидзейы æфсæддои рын- чындонмæ. Дыууае мæймæ йæ хъæдгом нæ байгас. Ам фехъуыс- та. Киевы карз хæстыты стыр лæгдзинад кæй равдыста, уый гыххæп йып фыццаг хæрзиуæг — ’майдаи, Хъæбатырдзинады тыххæй кæй радтой, уый дæр. Уымæн йæ зæрдæ барухс. Фæ- лæ йæ уый хыгъд æфсæддон-медицинон къамисы сæрдар быи- тондæр мастьь бафтыдта: æркастис ып йæ уавæрмæ, йæ сæр банкъуыста æмæ*йын комкоммæ загъта: — Æфсадмæ нал бæззыс... . Бирæ фæлæгъзтæ кодта Камал, ма мæ ныууадзут, зæгъгæ. Фæлæ медицинæйы дæлбулкъои цыдæр «дурзæрдæ» разынд æмæ ма, хæстбны куырдиат сæххæст кæныны бæсты, уыцы ны- х.тстæ бафыста, уымæн йе ’фсæддон билеты дæр. Республикæйы æфсæддон къамисар дæр райдайæны иицы ком ла^вæрдта. Мæнæн, дам, къамисы уыпаффæйы сæрты ахи- зын мæ бон нæу, хаестон. æгъдау хæстон æгъдау у. Стæй, дам, пæ фæсфронты дæр адæм .хъæуы. Æппынфæстаг ма Мамсыры фырт скодта-иу фæлварæн: — Ам дæр адæм кæй хъæуы, уый æз хорз зопын. Фæлæ ма; бамбар: адæмы хуыздæртæ сæ туг фронты калыпц. Мæ дыууæ хистæр æфсымæры дæр уым сты. Æмæ æз мæ фыццаг цъæррæ- мыхсты фæстæ мæ уд тæппуды ’фснайд бакодтоп, уып куы фе- хъусой, уæд мын цы зæгъдзысты? Цæуылнæ бæззын æфсæддоп службæйæн, исты, лæдзджытимæ цæуын, æви? Æмæ йæ ацы фæлварæн фæрæстмæ. Къамисар æртасыд, æрфæлмæн: Куыд кæсын, афтæмæй дæ ничиуал бауарздзæн. Гъемæ, фод дæ-дзырд. Æрвыст æрцыд артиллерион полкмæ. Уыцы полк нысангонд цыдис Сталинградмæ. Фæлæ йын уырдæм аиæуыи нал бантыст — уæдмæ фронт æрбахæццæ Кав- казмæ. Ног æфсæддон хай бахъуыдис Ирыстоны хæстыты. Зна- джимæ «ла^гæй-лæгмæ» фыццаг фембæлд æрцыдис Цыколайæ Чырыстонхъæуы ’хсæп 1942 азы 30 октябры (Камал æй хъуыды кæны абоны хуызæн). Гитлер Кавказмæ æрбаппæрста инæлар Клейсты тапктьг æфсад, æндæр стыр тыхтæ æмæ сæ ных сарæз- той хуссары ’рдæм, хæхты хæзнатæм, Бакуйы нефтмæ. Æрмæсг ног полкыл ныббырсынмæ уыцы бон сæ быцъынæг скъуыдтой еæдæгай танктæ1 Сармадзантæ æмбу кодтой, зæхх фæркгай хаудис. Иу бон сихорафон райдыдта æмæ дыккаг райсом '5 са- хатмæ иæ банцадис уыцы æвйрхъау хæст. Ницы рауад гитле- 27* 417
ронты фæлтæрæнтæй. Сæ бон куы базыдтой, уæд фæзылдтоГг æндæр рæтты. Сæ танкæтæй дæсгæйттæ баззадысты быдыры, сæ сау пиллон арвыл æмбæлдис. Уыцы хæсты Мамсыры фырты’ взвод ныппырх кодта 7 немыцаг танчы, уыдонæй 4 — Камал йæ-: хæдæг. Æхсарджын командиры схорзæхджын" кодтой Сырх Стъалыйы орденæй., Фыццаг хæстон хæрзиуæг — Ирыстоны зæх- хыл!.. Знаг ног тыхтимæ бырста размæ. Полк хæцгæ-хæцын фæс- тæмæ рацыдис Алагирмæ, Майрæмадагмæ, Джызæлмæ... Æп-* пынфæстаг, æрбынат кодта Орджоникидзейы ныгуылæн фарс, Хъесайы фырты уынг кæм ис, уырдæм хæстæг. Ам ныр хæпæн-' гæрзты дзыхæй лыггонд цыдис горæты хъысмæт. Æмæ та иу хæсты Камал комкоммæ цæфæй ныппырх кодта дыууæ немыцаг танчы. Уыцы сгуыхтдзинады тыххæй та не ’мзæххоны риуæй тæмæнтæ скалдта Сырх Стъалыйы орден. Дыккаг хæстон хæр~ зиуæг — Ирыстоны зæххыл!.. Елхоты æмæ Малгобечы хæстытæ... Мæздæг... Æнæнхъæлæ- джы уыдис ацы горæтмæ махонты ныббырст. Стыр лæгдзинад та дзы равдыста Камал дæр æмæ йæ риуыл фæзындис ног хæр- зиуæг — майдаи «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй». Æртыккаг хæстон хæрзиуæг — Ирыстоны зæххыл!.. Европæйы бирæ паддзахæдтыл фæцыдис Мамсыры фырт знаджы сургæ йæ полкимæ. ÆфсымæрончПольшæйы зæхх сæ- рибар кæнгæйæ, та Люблинмæ хæстæг йæхæдæг ныппырх кодта фашистон дыууæ танчы. Уым фæцис дыккаг цæф, фæлæ рын- чындоны бирæ иæ бафæстиат. Паддзахадæй та рохуаты нæ баз- зад ирои хъæбатыры уыцы. сгуыхтдзинад: саггаг ын кодта Фы- дыбæстæйон Хæйы фыццаг къæпхæны орден. Берлин байсыны тугкалæн хæстыты хъæбатырдзинад кæи равдыста, уый тыххæй йын Сырх Тырысайы орден кæй радтой, уый дæр нæ базыдта, цалынмæ йæхи æрæмбæрста, уæдмæ... Танк уæззау цæф фæцис ам, тыхæй ма фервæзт. ...Ныр, сæрдыгон сæумæрайсом, Беслæны уынгты фæцæуы Камал, йæ зæрдыл та ногæй æрлæууыдис аст æмæ ссæдз азы размæ уыцы сау бон, хæсты райдайæн. Нæ адæмы милуан- гай хуыздæр хъæбултæ сæ цард нывондæн æрхастой Райгуы- рæп бæстæйы сæрибардзинады сæрвæлтау. Нал сыздæхт Ка- малы хистæр æфсымæр майор Биллар дæр,.. Хæцгæ кодта уæд Камал. Стæй — куыд æмбæлы, афтæ. Уымæн æвдисæн — хица- уадон дыууадæс хæрзиуæджы, Сæйраг Хистæркомандæгæнæ- джы цыппар арфæйы гæххæтты. Фæлæ йæм æппæты стырдæр æмæ фæрнæйдзагдæр хæрзиуæг кæсы сабыр цардæн фæллой кæнын. Æмæ йæ райгуырæн горæты ног арæзтадтæм куы акæ- сы, цы сагсур фæсивæд нæм рахъомыл, уыдоныл йæ цæст куы ахæссы, уæд та йæ зæрдæ барухс вæййы æмæ фæзæгъы: — Дуне сабыр уæд!.. А
Ерга ’ Тади Плиты Илья МÆРГЪИТЫ ЦЫППАР ÆФСЫМÆРЫ ыппар лæппуйы афæндараст кодта Фыдыбæстæйои хæсты фронтмæ Тлийы хъæуы цæрæг Мæргъиты Яков. — Хæстмæ цæуын хъазтмæ цæуыны хуызæн нæу, фæлæ фæ- дисон бæлццæттæ стут, æм.æ сæрбахъуыды рæстæджы лæгдзн- над равдисын хъйеуы, фидар-иу фæлæуут, мæ хъæбултæ, — афтæ дзырдта Яков йæ фырттæн. Яковы хистæр лæппу Владимир (Тади дæр æй хуыдтой) 1938 азы каст фæцис Дзауы хъæууонхæдзарадон техникум. Уый фæстæ куыста Хуыцъейы хъæусоветы секретарæй. Фæстау дæр ахуыр кæнынмæ бацыди фыццаг Воронежы, стæй та Лении- грады тæхджыты ахуыргæнæндонмæ. Фæстæдæр сси хистæр лейтенант, тæхæг-бомбардировщик. Хæсты агъоммæ, йæ улæф- ты рæстæджы, сæхимæ æрцыди, ус æрхаста — йæ цард баиу кодта Бететы Тамарæимæ. Æрмæст дыууæ къуырийы ацар- дысты иумæ, стæй хæст райдыдта, æмæ... Тадийы кæстæр æфсымæр Ерга (Георги) сабыр, куыст- уарзаг лæппу уыди, ахуыр кодта Цхинвалы педагогон ахуыр- гæнæндоны. Сæрдыгои улæфты бонты-иу сæхимæ куы ’рбацыд, 419
Газан Георги уæд-иу колхозы куыстыты активон хайад иста, хоскæрдынмæ диссаг уыди. Хъазтизæрты-иу ыл кафынæй æмæ зарынæй ничи тых кодта. Хъæубæсты адæм æй бирæ уарзтой. Дыууын аздзыдæй йæм æрсидтысты Сырх Æфсадмæ. Ахуыр кодта Тби- лисы æфсæддон ахуыргæнæндоны. Ергайы кæстæр Газаны (Гиуæр) хæсты размæ акодтой æфсадмæ Уанелы астæуккаг скъолайы ахуыр кодта, афтæ- мæй. Фæскомцæдисон уыдис, хорз ахуыр кодта æмæ йæ уымæ гæсгæ ахуыргæнджытæ бирæ уарзтой. Сæхи хъæуы колхозы куыстыты активон хайад иста, æххуыс кодта йæ ныййарджы- тæн дæр. Диссаг у ацы æфсымæрты хъысмæт. Сæ мад раджы амардис, сидзæр баззадысты, фæкæсæг сæм нæ уыдис æмæ уымæ гæсгæ сæ фыд Яков дыккаг ус æрхаста — Уанеты Анич- кæйы. Уымæй размæ Джелдыты ус уыдис, йæ лæг амардис æмææртæ сидзæр сывæллоны йемæ æркодта. Яков æмæ Аничкæ- йысидзæртæ нумæ хъомыл кодтой, кæрæдзи уарзтой æмæ Анич- кæйы сидзæртæ сæхи Мæргъиты мыггагыл дæр уымæн ныф- фыстой. Цыппæрæм лæппу Георги хуындис. Æфсадмæ йæм куы ’рсидтысты, уæд ыл дыууын æртæ азы цьгдис. 1940 азы бацыд ленинои фæскомцæдисы рæпхъытæм. Каст фæцис Цхинвалы "педагогон техникум. Куыста сæхи хъæуы ахуыргæнæгæй. Фы- ста æмдзæвгæтæ, фæлæ, хъыгагæн, фесæфтысты. 420
Мæргъиты цыппар æфсымæры: Тади, Ерга, Газан æмæ Георги карз тохты рæстæджы дæр нæ рох кодтой сæ ныййар- джыты. Фыстой сæм фыстæджытæ акъоппытæй, блиндажтæй. Мæнæ цы фыста Георги йæ фыдмæ: «Мæ зынаргъ фыд,. æз дæн архайæг æфсады. Акъопшæй дæм фыссын ацы фыстæг. Дæрæн кæнæм фыдгул знæгты. Дæн æнæниз. Ме ’фсымæртæй ницы бæрæг зонын. Мæ м^æт ма кæн. Мæнæ тагъд знæгты фæ* тæрдзыстæм нæ зæххæй æмæ æрыздæхдзынæн нæхимæ». Бирæ фыстæджытæ цыдис фронтæй Тамары номыл дæр. фыстой йæм йæ тиутæ, цæмæй сын сæ ныййарджытæм йæ хъус фæдара, хæдзармæ кæса, фосыл мацы зиан æруадза зæфцы фы- дæй, цæмæй колхозы активонæй куса. 1941 азы Тамарæн чызг райгуырдис æмæ йыл йæ фыд Та- дийы фæндонмæ гæсгæ сæвæрдтой ■Венерæ. Мæнæ Тадийы фыстæджытæй сæ иу Тамарæмæ: «Зынаргъ Тамарæ/зонын, зын дын уыдзæн, хæдзары уæз дæуыл æнцайы, змæлд дзы бирæ ис, фæлæ ма иу -цъус бафæраз. Хæст куыд- дæр фæуа, афтæ иæхимæ дæн. Тагъд фембæлдзыстæм кæрæ- дзийыл. Æнхъæлмæ мæм кæс». Æмæ, æцæгдæр, фæстæдæр, цыбыр æмгъуыдмæ, æрцыдис йа^ уарзон Ирыстонмæ. Йæ хотæй кæйдæрты федта Цхинвалы æмæ Дзауы дæр. Фæлæ фæстæмæ йе ’фсæддон хаймæ йæ зæр- дæ æхсайдта, æмæ йæ, æгæрстæмæй, Тлимæ, йæ ныййарджыты уынынмæ дæр нæ равдæлдис. «Мæнæ хæст тагъд фæуыдзæнис æмæ куы рыздæхон, уæд сеппæты дæр фендзынæн», — афтæ дзырдта йе ’рдхорд æмбал ГуыбаТы Федырæн, Цхинвалы горæ- ты куы фембæлдысты, уæд. Цæвиттон, хæсты размæ Тади æмæ Федыр иумæ ахуыр кодтой Дзауы хъæууонхæдзарадон тех- никумы. Ныр Тадийæн йæ риуыл конд уыдпс хæстоп ордентæ æмæ медалтæ. Аздæхт фæстæмæ фронтмæ Тади. Фæлæ цырынæй-цырын- дæр кодта тугкалæн хæст, Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Бирæ ца*рынхъуаг удтæ аскъ*уыди. «Кæнæ мæлæт—кгянæ сæрибар», ахæм уыдис советон патриотты сидт немыцаг тыхгæнджыты ныхмæ тохы. Советон хæстонтæ удуæлдай тох кодтой цыфыд- дæр знаджы ныхмæ уæлдæфы, сур зæххыл æмл? доны. 1943 аз. Уалдзæг. Иу бон Дзауы районы æфсæддон Къами- сариаты номыл æрцыдис æрвитæггаг (посылкæ) æмæ сау гæх- хæтт. Гæххæтты фыст уыдис, зæгъгæ, капитан, тæхæг-бомбар- дировщнк Мæргъиты Яковы фырт Владимир немыцаг фашист- ты ныхмæ тохы мард фæцис хъæбатыр æгъдауæй Воронежы цур. Не ’фсæддон хай уæ курæг у, баххуыс кæнат хъæбатыры биноптæн. Посылкæ — чумæданы мидæг уыдысты Тадийы уæ- лæдарæс, документтæ- æмæ сахат. ,\ Дæ фыдгулыл дæр-иу ахæм хабар сæмбæлæд: фæмаст код- той, фæкуыдтой Тадийы бпнонтæ: йæ фыд, йæ мад, йæ хотæ, хъæубæстæ... 42)
Цасдæр рæстæг куы рацыдис, уæд бинонты маст цъус фæ- рогдæрн. «Хæст хæст у, цы саразæм, фæлæ ма мын иннæ лæп- путæ дзæбæхæй уæддæр куы рыздæхиккой», — зæхмæ кæс- гæйæ, дзырдта Мæргъиты мыггаджы хистæр Яков. Иу бон Уанелæй Тлийы хъæумæ бæхыл ссыди постхæссæг, йæ бæхæй æрхызтис æмæ Яковты хæдзары кæрты раз æрлæу- уыдис æнкъардгъуызæй. Бшюнтæй чидæртæ йæ размæ рацы- дысты. ’ — Ергайæ сау гæххæтт æрцыдис, — æрæджиау зынтæй сдзырдта постхæссæг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — фæ- лæ йын ма тæрсут, иу æмæ дыууæ ахæм гæххæтты æрцæуы, бирæтæ дзы æрыздæхтис. Æндæр цы хъуамæ загътаид пост- хæссæг, йæ къухы æндæр хуыздæр фæрæз ницы бафтыдис би- нонты стыр маст фæрогдæр кæнынæн. Ерга хайад иста 2-аг Украинаг фронты, уыдис артиллерист. — Цыппар фырыхъулы хуызæн лæппуйы арвыстон хæст- мæ, цыппар хæдзардарæджы... Иннæ дыууæ лæппуйы ма мын уæддæр куы ’рыздæхиккой, — судзгæ цæссыгтæ йæ уадултыл тылдысты, афтæмæй дзырдта Яков. Хæст æгъатыр у, тæригъæд никæмæн кæны, кæуыл аны- дзæвы, уый ассæнды, къахæй йыл ныллæууы, йæ уд ын сыс- къуыны. Бирæ рæстæг нæ рацыдис, Яковы бинонтæ фæстаг хатт сау гæххæтт ’куы райстой, уымæй. Иу бон Уаиелы хъæусоветы хъус-хъус кодтой, Мæргъиты Яковы иннæ дыууæ лæппуйæ дæр сау гæххæттытæ кæй æрцыдис,, уый тыххæй. Хъæусоветы постхæссæг Тлийы хъæумæ нал акуымдта, йæ зæрдæ йæ нал бахаста Мæргъиты бинонтæм ахæм фыдуацы хабар схæссыи. Фæлæ æнамонд хабарæн сусæггæнæн нæй. Фехъуыстой та фыдуацы хабар Яков ’æмæ йæ бинонтæ, хæстæджытæ, хъæу- бæстæ. Зæрæдты тæригъæдæй бæстæ скъуыдтæ кодта. Се сæфт лæппутыл .хъыг кодтой, цæссыг, донау, мызт, мæгуырæг, бинонтæ, ахæм сахъ лæппутæ кашæн уыдис æмæ сæ афтид чи абадти! Нал сæм æрцыдысты, никуыуал сæ фендзысты... Мах нæ зонæм, Мæргъиты цыппар æфсымæры хæсты фронттът цы сгуыхтдзинæдтæ равдыстой æмæ сын цы хорзæх- тæ лæвæрд æрцыдис, уый- Фæлæ зонæм, хъæбатыр хæстонтæ Райгуырæн бæстæ æмæ адæмы сæрвæлтау сæхи нывондæн кæй æрхастой. ♦ * * Зынаргъ æмбал, Тлийы хъæумæ куы ссæуай, Бадзыгаг дæр æй хонынц, уæд уым дæ цæст схæцдзæнис хъуарийæ апьуыст бæстыхайыл. Кæрты бацæугæйæ дзы къахвæндаг нал зыны — кæрдæг дзы сзадис. Хæдзары дуæрттæ æхгæд сты, ничиуал дзы цæры. Хъæубæстæй дыл исчи куы фембæла, уæд 422
æй æнæмæнгæй бафæрсдзынæ: ай кæй хæдзар у, зæгъгæ. Уый дын дзуапп ратдзæнис æнкъардæй. — Уый Мæргъиты Яковы хæдзар у, йæ цыппар лæппуйы фыдыбæстæйон хæстæй нал æрыздæхтысты, мард фесты хъæ- батырæй. Лæппуты мад мастæн нæ бафæрæзта æмæ фæсхæст амар- дис. Яков, фыдæлгъысты хуызæнау, бинонты быныл баззадис ,тмæ уый дæр 1962 азы фæзиан. Сæ чындз, Тадийы бинойнаг, чындзы фæцыдис æмæ цæры Гуджабауры. Иæ чызг Венера- дæр йемæ вæййы, астæуккаг скъолайы ахуыр кодта, ныр пост- ха^ссæгæй кусы. Лæппуты кæстæр хо, хъулон уарзт кæй кодтой, уый — Замирæ йæ амонд’ ссардта æмæ цæры Цхинвалы, кусгæ та кæны агуыриаразæн заводы. Сæ хистæр хо Верæ та цæры Бузалайы хъæуы, ис ын цыппар чызджы, уæлдæр ахуыр фе- сты æмæ кусынц æндæр æмæ æндæр уагдæтты. Мæргъиты Яковы хæдзары, раздæрау, æвæрд ис цыппар сынтæджы æд хуыссæитæ йæ зынгхуыст лæппутæй алкæмæн- д,тр хицæиæй, Тадийæн нырмз дæр йæ чумæданы æфснайд сты йæ уæлæдарæс æмæ йæ сахат. Кæддæр нæргæ хæдзарыл нымад чи уыдис, хъазт æмæ фæндыры цагъд кæцæй хъуыстис, æхсæз лæппу æмæ цыппар чызгæй чи фидыдта, уыцы ирон хæдзар зæхмæ ныхъхъуыста, бамыри æмæ, цыма йæ тохы бæлццæттæм æнхъæлмæ кæсы, уыйау фæлгæсы дæлæмæ, комы дзыхмæ, хъæумæ цы фæндаг цæуы, уыцырдæм. *
Плиты Илья КАДЫ ОРДЕНЫ ХИЦАУ „ тыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уазд Мæр- гъиты ч^илипп Уанелы хъæусоветы сæрдарæй куыста. Æхсæ- вæй-бонæй æрыицой нæ зыдта. Хъæууои советы активимæ иу- мæ æппæт колхозонты разæнгард кодта Сырх Æфсадæн бах- хуыс кæныны хъуыддагмæ. Фронтмæ æрвыстой хъæууонхæдза- радон продукттæ, хъармдарæтæ, æмбырд кодтой æхцаны фæ- рæзтæ. Уый æмрæстæджы ма Филипп уыдмс Дзауы райопы куынæггæнæг батальоны хæстои дæр. 1942 азы февралы Филипп ацыдис фронтмæ. Службæ код- та 3 æхсæг корпусы 14 хицæн бастдзииадои батальоны. Уыцы æхсæв корпус активон хайад райста Марух æмæ Клухорьг æфцджытыл немыцаг фашистты ныхмæ тохты. Немыцæгтæ Марух æмæ Клухорæй тард куы ’рцыдысты, уæд, Мафгъийы фырт цы ’фсæддон хайы уыдис, уый æрвыст æр- цыд Кутаисмæ. Уым сæ сифтонг кодтой хæцæнгарзæй, ротæтæ баххæст æрцыдысты æмæ сæ стæй арвыстой Дзæуджыхъæу- кæ. Уыцы рæстæджы карз тох цыдис Æрыдонмæ æввахс. Не- мыцаг автоматчнктæ цыппар танкæйы æххуысæп бырсто!! не 424
’фсæддон хайы ’рдæм. Махуæттæ цъус уыдысты, знæгтæ та — фылдæр. Фронты раззаг хаххыл бастдзинад уыдис хæлд. Уæд ротæйы командир Хъыбызты Алихан бардзырд . радта Мæр- гъийы фыртæн, цæмæй бастдзинад срæвдз .■ кодтаид батальо- нимæ. Уыцы хæс дырысæй сæххæст кодта Мæргъийы фырт. Хъыбызы фырт батальоны командирмæ æххуысмæ фæ- дзырдта æмæ уайтагъд артиллерион æхстæй немыца-г цыппар танкæйы дæр куынæг æрцыдысты. Иемыцаг автоматчиктæ та фæстæмæ лидзынмæ фесты. Ныхмæлæуджыты хæдтæхæг бом- бæ æрыппæрста махуæттыл, йе схъистæй Мæргъийы фыртæн йæ сæр фæцæф. Дыууæ мæпы фæхуыссыд госпиталы. Куь; сдзæбæх, уæд æй арвыстой Новороссийскмæ, æндæр ротæмæ.1 Уыцы рæстæджы Иовороссийскы горæты стыр тугкалæн тохтæ цыдпс. Знæгтæ алыран сарæзтой æфсæйнаг-бетонон фидæрттæ. Хъахъхъæдадон пункттæ къухæй-къухмæ цыдысты. Иу ата- кæйы рæстæджы Мæргъийы фыртæн йæ къах фæцæф æмæ хуыссыд санбаты иу мæйы бæрц, стæй йæ фæстæмæ йе ’фсæд- дон хаймæ арвыстой. Цы ротæйы службæ кодта, уымæн нæ ко- мандир уыд Хохлов. Уыцы ротæ активон хайад райста Ку- баны зæхх ссæрибар кæныны сæрыл тохты.-Не ’фсæддон хæйт- ты ’хсæн кæддæриддæр бастцзинады хъуыддаг цыдис рæвдз æмæ уый фæрцы кæрæдзийæн æххуыс лæвæрд цыдис рæстæ- гыл. Бастдзинадонтæ кæддæриддæр уыдысты раззаг хаххыл, пууыл тæссагдæр бынæтты. 1944 азы фæззæджы 3 гвардион æхсæг корпусы æфсæдтæ бацыдысты Карпаты хохрæбынтæм. Немыцаг тыхгæнджытæ сæхи æрфидар кодтой Карпаты Санокæн хуссар-ныгуылæ- пырдыгæй, хъæу Буковскомæ хæстæг. Комы фидæртты бадтыс- ты гитлеронтæ. Æхсæвы, Хохлов кæмæн командæ кодта, уы- цы ротæйы сапертæ знаджы фидæрттæм хæстæг скъахтон блин- даж, нæ инæлар уырдæм хъуамæ ссыдаид æмæ командэе код- таид уырдыгæн. Æмæ уырдæм саразын хъуыдис бастдзинад. Хохлов йæ ротæйы акодта йæ фæдыл, уым хъуамæ æрфидар кодтаиккой сæхп. Немыцæгтæ сæ бафиппайдтой æмæ сыл ны- згъæлстой автоматтæ æмæ пулеметтæй. Махуæттæ фæстæмæ алæууыдысты. Ротæйы командир капитан Хохлов Мæргъийы фыртæн загьта, цæмæй цыфæнды амалæй дæр блиндажмæ бастдзинад арæзт æрцыдаид. Мæргъиты Филипп фондз æмбалимæ æхсæвы 12 сахатыл сæ гуыбыны цъарыл абырыдысты, блиндажмæ бастдзинад са- рæзтой. Уыцы хæслæвæрд уыдис тынг зын сæххæстгæнæн. Хох- ловы цинæн кæрон нал уыдис æмæ ахъæбыс кодта Мæргъийы фырты. Бастдзинады фæрцы не ’фсæдтæ размæ абырстой æмæ карз тохты фæстæ немыцæгты фидæрттæй фæсырдтой. Не ’фсæд- дон хæйттæ æртæ боны мидæг размæ ацыдысты 100 километры бæрц. 425
Уыцы ахсджиаг операци æнтысгæйæ кæй сæххæст кодтой, уый тыххæй æстдæс салдат æмæ афицеры схорзæхджын код- той ордентæй. Мæргъиты Филипп дæр хорзæхджын æрцыд Ка- ды нысаны орденæй, лæвæрд ын æрцыд кæстæр сержанты ном^ Уый уыдис зæрдылдарæн бон Мæргъийы фыртæн: 3-аг гвар- дины æхсæг корпусы командæгæнæг инæлар Веденин цытджын æгъдауæй радта ордентæ, тохы быдыры чи басгуыхти, уы- донæн. Уыцы хорзæх Мæргъийы фырты ноджы тынгдæр сра- зæнгард кодта æмæ хъæбатырæй хæцыдис знæгты ныхмæ. Уый фæстæ ма хорзæхджын æрцыдис хæстон майдантæй дæр. 1944 азы 20 сентябры корпусы æфсæддон хæйттæ бæрзæнд 823-ыл ахызтысты Польшæ-Чехословакийы арæныл æмæ ба- цыдысты Чехословакийы зæхмæ. Корпусы схуыдтой «Карпатаг». Æрмæст Карпаты активон тох кæй кодта корпус, уый тыххæй хорзæхджын æрцыдысты 15 мин афицеры æмæ салдаты. 13 хæстонæн та лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном. Уыдон æхсæн уыдпс дивизийы командир гвардийы инæлар- майор Колдунов дæр. Хæсты фæстæ Мæргъиты Филипп æрыздæхтис йæ рай- гуырæн Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта йæ раздæры бына- ты — Уанелы хъæууон Советы сæрдарæй. Мæргъиты Барисы фырт Филипп райгуырдис 1902 азы Дзауы районы, Тлийы хъæуы. 18 аздзыдæй, куыд сырх парти; зан, афтæ активон хайад райста, 1919—1920 азты Хуссар Иры- стоны Дзауы æмæ Цхинвалы меньшевикты ныхмæ цы растад- тæ уыдис, уыдоны. 1920 азы 8 июны Цхинвалы митинг арæзт куы ’рцыд Хуссар Ирыстоны Советон хицауад расидыны сæ- раппонд, уæд уым хайад райста Филипп дæр. 1932 азы Мæргъиты Филипп каст фæцис совпартскъола Цхинвалы горæты æмæ куыста æндæр <æмæ æндæр бынæтты. Бирæ рæстæджы дæргъы фæкуыста Уанелы хъæусоветы сæр- дарæй. 1961 азы ацыд пенсийы, цæры Цхиивалы. А
Шульгина Прасковья Асаты Реуаз (ЫГЪÆД паддзахадон уни- верситеты ректор, профессор Цыбырты Христафоры кабинеты бадтæн. Иучысыл куы аныхæстæ кодтам, уæд мидæмæ ’рба- хызт, асæй дæр æмæ азтæй дæр рæстæмбис чи уыдис, ахæм лæг. — Базонгæ ут, уый нæ университеты марксизм-ленинизмы кафедрæйы доцент у, Мæрзойты Мурат. Кæм федтай, ахæм уæздан адæймаг æмæ лæгау-лæг. Фæлæ иууыл диссаджы адæймаг та йæ мад Лези у. Хæс- ты рæстæджы уый цытæ бакодта, уыдон æмбисондæн базза- дысты! — Стæй ме ’рдæм фæзылд мæфысымæмæ афтæбакодта: — Гъæн, цы уый зоныс? Дæлæ дын машинæ, сбад æмæ Цы- колайы ныммидæг у. Чи зоны .æмæ дæ поэмæ сфæлдисынмæ дæр сразæнгард кæна диссаджы хæстон сгуыхтдзинад... Уыдис 21-æм октябрь. Æмбисонды хъæлдзæг лæппу ра- зындис Цыбырты Христафоры шофер. Цæуæм Æрыдоны фæн- дагыл Дыгуры бæстæм, Бæзджын, хъуынтъыз мигътæ ныллæг æрбадтысты æмвæтæнæй фæззыгон быдырты. Раст нартхæрт- тæ æфснайыны рæстæг уыдис. Фæндаджы фæйнæ фæрсты адæм, фæсивæд æмæзмæлд кодтой, тындзыдтой сæ кусинагыл. Мæрзойты Лези СЫЛГОЙМАДЖЫ ЛА эрон фæззæг Цæгат Ирыстс 427
Уæзласæн машинæтæн сæ гуыффæтæ нартхорæй семыдзаг, аф’- тæмæй нæ фæрсты тахтысты. ...1942 азы октябры фæстаг бонты немыцаг-фашистон тыхæйисджытæ бабырстой Дыгурмæ. Сырх Æфсады хæстонтæ сæ ныхмæ кодтой уæззау тугкалæн тохтæ. Цыколайыл немы- даг сау сынтытæ бомбæтæ нызгъæлстой. Хæдзæрттæ сыгъдыс- ты цæхæры. Арты пиллон æмæ топпыхосы хъыхъхъаг таеф улæфæнтæ æхгæдтой. Богъ-богъ кодтой сармадзантæ фæйнæ- рдыгæй. Адæймаджы кæуын фæндыдис, — арф ныуулæфгæйæ, дзырдта зæроид ус, фæлæ цæссыг нæ куымдта фыдызнагмæ фыд-зæрдæдзинады аххосæй. Хъæстæ калмы хъулон буарау, саумæр зæххы цъыфыл бæрæгæй зындысты немыцаг калм- дзалх танкæты фæдтæ. Не ’фсæдтæ фæстæмæ алæууыдысты. Хъæуы цæрджытæй сæ бон æхсын кæмæн уыд, уыдон — усæй, зæрондæй — хъæдмæ, партизанты къордмæ сæхи айстой. Хъæуы ма баззадысты ацæргæ устытæ, зæронд лæгтæ, æнахъом сабитæ, рынчынтæ. Немыцаг-фашистон лæгмартæ бабырстой Цыколамæ. Рай- дыдтой сæ сырдон митæ. Куы-иу фæхатыдтой, Сырх Æфсадæн! исчи чысыл истæмæй дæр æххуыс кæны, уæд-иу йæ балгъитæг дæр афтæ: æхстой, мардтой, ауыгътой. Нæ дæр зæрæдтыл ауæрстой, нæ дæр сабитыл. — Иу æртæ хатты мæм мæ сыхаг Ходонты Аслæмырзæ сусæгæй æрбацыд æмæ мын фæхабар кодта, — æрымысыд Ле- зи, — немыц, дам, дæ марынвæнд кæнынц, коммунисты ус кæй дæ, уый тыххæй. Стæй, дам, дæ фырт, дæ чызг æмæ дæ дыууæ тиуы дæр хæсты сæ ныхмæ хæцынц æмæ... Лези уæдæй фæстæмæ йæхи аууон кæнын райдыдта. Цы хæдзары бадтысты, уый хæсты дуджы дæргъæй-дæргъмæ æвæрд уыдис, цыппархатæнджын. Иæ быны та уыдис арф ныккæнд, стыр уæрм къахт. Цыппар хатæнæй дыууæйы æрбынат кодтой немыцæгтæ æмæ румынæгтæ. Ахæм уавæры Лези кæдмæ хъуамæ рамбæхс-бамбæхс код- таид мæлæтæй. Иуахæмы æхсæвыгон сусæгæй ахъуызыд йæ пæгатмæ — Сечермæ (Ног Урухы хъæумæ) — Цыколайæ иу цыппар километры æддæдæр. Фæлæ уæддæр усы зæрдæ æхсайдта, йе ’взонджы бонтæй фæстæмæ йæ цард кæм арвыста, уыцы уæзæгмæ, миййаг ын хæддзу æнаккæгтæ куы сызмæнтой, йæ удыхайы рухс ном æнусмæ кæм хъуамæ цæра, уыцы къуым. Стæй йе ’рдхорд Па- шæйы уым ныууагъта æмæ уый дæр хъуыдыйаг уыдис. Чи уыд, кæцæй æрхауд уыцы уырыссаг ус нæ хæхбæстæм? Хæсты размæ Прасковья Клименты чызг Шульгина цардис Донбасськ Æвзонгæп идæдз баззадис йæ дыууæ æнахъом чыз- джимæ. Кæм хуыздæр уыдзæн, зæгъгæ, фæрсгæ-фæрсгæ рацыд цардагур æмæ Ирыстонмæ ’рхаудта. Куыста Цыколайы мил’и- цæйы сæрфæгæй. Цардис Мæрзойтæм. Ирон бпнонтæ йæ ба- 428
уарзтой, барæвдыдтой, хъулон æй ннцæмæй кодтой. Иæхæдæг дæр сыл æрхъæцмæ нæ лæууыд. Цардысты, иу бинонтау. Рæз- тысты йæ чысыл хуртæ Пашæйæн. Цалынмæ немыц хъæумæ -ца* бабырстой, уæдмæ æвзонг ус Сырх Æфсады хайы акуыста хæлцгæнæгæн. Бауарзтой зæрдæхæлар, куыстуарзаг сылгойма- джы хæстонтæ дæр. Фæлæ махонтæ хъæу куы ныууагътой, уæд тохы быдыры баззадпс пу 45 советон цæф хæстоны - бæрц. Уыдон мæт ных- хаудта Пашæйы зæрдæйы. Исты >æрхъуыды хъæуы. Фæлæ цьН Фашисттæ, къуыбырхъус бирæгътау, сæ цъæх цæстытæ ныдз- дзагъыр кодтой æмæ сæ хъус дардтой хъæуы цæрджыты алы фæзылдмæ дæр. Немыц скъолайы агъуысты бакодтой госпи- таль. Иуахæмы Пашæ йæ дыууæ чысыл чызджимаз сугласыны ’фсон хъæды ’рдæм ацыди, семæ чысыл къухуæрдон, афтæмæй. — Су... Сабыр... Кæцæйдæр мыл хъæрзын ссыд. Пашæ æр- лæууыд. Р1æ улæфт уысмы бæрц фæурæдта. Æм.æ нæ фæсай- ды. Рог уддзæф æм æрбаскъæфта кæйдæр хъæрзын. Чысыл фалдæр бауад. Ныккастис. Къутæрты туглæсæи кодта уæззау цæф хæстон. Йæ агъд пырх. Йæ къахы стджытæ кæрæдзийыл нал хæцыдысты. Æрдæгмард хæстоны уæрдонмæ батылдтой тых æмæ фыдтæй. Йæ иу къах ма чысыл фыдымурæй хæцыдис. Фыртыхстæй нæ зæрдæ уадзгуытæ кодта, фæлæ хъæрзын дæр нæ уæндыдис. Уьий ма ’мбæрста, зæгъгæ, сæ знаг куы фæхата, уæд йæхæдæг дæр æмæ уыцы ус дæр йæ дыууæ чысыл чыз- джммæ бынсæфт фæуыдзысты. Изæрмилты йæ фæсфæдты кæуылдæрты хæдзармæ ’рла- стоп, нартхоры хъæллæгъ æмæ йæ цъыхырытæй бамбæрзтой, афтæмæй. Лезиимæ фæйнæрдæм акæстытæ кодтой æмæ йæ стсР|й зæххы бын ныккæндмæ ныххастой. Цы чындæуа? Хос нæй, бинт нæй. Лæг мæлы, йæ дæндæгтæ фырадæргæй иыхъ- хъыррыст кæнынц, къах ныссау, æмбийы. Гангренæ... Туг хъазс- тæ кæнын байдыдта. Фæстиатгæнæн нал уыд... — Цæй, уæддæр мæлы, — вагътой устытæ, йæ цæфтæ йын, кæмдæр ма сæм цы авджыдзаг арахъхъ æмбæхст уыдис, уымæй ныхсадтоп. Къах ма цы чысыл фыдæй хæцыдис, уый цыргъ кардæй ачъепп ластой, уæраг лыг кæм уыдис, уым æй бæт- тæнæй балгъывтой, цæмæй туг мауал оæфтаид. Æхсыр ын са- мал кодтой, рахсыстой йæ, йæ дзыхьг йын æй æртахгай фæуагъ- топ. Афтæ дыккаг, æртыккаг бон дæр.; Æмæ лæппу «раудыгас». Цыдæр æнахуыр æвзагæй сдзырдта йæ дзыхæй. Уый разындис дагъыстайнаг Абас Урузбеков. Иннæ хатт та дыууæ усмæ фæхабар кодтой скъоладзаутæ, уæртæ дыргъдоны цæф хæстонтæ, зæгъгæ. Талынгты сæ æр- бахъуызый кодтой иугай-дыгай. Сæ уæззаудæр цæфты сын ныккæнды бамбæхстой. Уыдон тарстысты, зæгъгæ, немыцаг госпиталмæ куы бахауæм, .уæд нын æнæоæфгæ нæй, æмæ сæ сæр хъæууонтæм æппæрстой. 429
Сылгоймæгтæ цæмæй зыдтой, сæ тæккæ фарсмæ немыцаг комендатурæ кæй æрбынæттон ис ,æмæ сæ ныхмæ та СС-ы афицертæ кæй æрцардысты, уый. Бирæ рахъуыдьгбахъуыдыйы фæстæ Пашæ хостæ æма? бинттæ курæг ацыдис немыцаг госпиталмæ. Дуармæ бирæ фæ- лæууыд. Бахъав-бахъав кодта, æххæст йæ ныфс нæ хаста- «Цæй. сæфт дыууæ сæфты», — загъта йæхимидæг æмæ дуар ба- къуырцц-къуырцц кодта. Дохтыр æй скъуырдтытæ кодта, стай- тай йыл кодта æмæ йæ ратардта. Санитартæй сæ иу бамбæрста, сылгоймаг цы куырдта, уый æмæ йæм дохтыры сусæгæй ца- вæрдæр тыхтон авæрдта дуармæ. Атындзыдта, тыхтон йæ тары амбæхсгæйæ. Сæхæдæг, сæ сывæллæттæ фылдæр стонг æййæфтой, фæ- лæ, гæнæн уæвгæйæ, цæф хæстонты цух ницæмæй уагътой, сæ къухмæ хæринагæй цыдæриддæр хаудис, уымæй. Тагъд фæ- фидар, фæдзæбæхдæр сты Леня Гутман, Иван Сыряк, Андрей Белоусов — дзуттаг, украинаг æмæ уырыссаг лæппутæ. Чи-иу фæдзæбæх ис уыцы «дæластæрдон цгоспиталы» фæсчъылдым, знаджы тæккæ цæсты раз, уыдон-иу хъæбатыр советон патри- откæтæ уазал мæйдар æхоæвты сусæгæй арвыстой хъæды ’рдæм. Чи-иу сæ фронты хаххыл ахызт, чн та-ну сæ партизан ты къордмæ бахауд, æмæ-иу уым дæр æнцой иæ лæвæрдтой немыцаг тыхæйисджытæн. Пашæ æмæ Лези сæ ныфс хастой, госпиталы цы советон уацайраг цæф хæстонтæ уыдис, уыдонæн æххуысмæ дæр. Цæф- тæ скъолайы нал цыдысты <æмæ сæ хастой Æлбегаты Дрисы хæдзармæ (партийы райкомы раздæры фыццаг секретарь уы- дис, хæсты мард фæцис хъæбатырæй. Р1æ чызг Римæ та ныртæккæ кусы фæскомцæдисы Æрæфы райкомы фыццаг сек- ретарæй). Устытæ-иу кæмæн дон лæвæрдтой, кæмæн хъарм æх- сыры хуыпп бадардтаиккой, кæмæн сæ ныфсытæ авæрдтапк- кой. Иухатт сæм фронты раззаг хаххыл Сырх Æфсады баиу- гонды командир инæлар чысыл фыстæг æрырвыста (æвæццæ- гæн æй советон развæдагурджытæ æрбахæццæ кодтой). Инæ- лар арфæ кодта лæджыгъæдджын хъæбатыр сылгоймæгтæн, знаджы фæсчъылдым, мæлæты тасы бын, нæ цæф хæстонты сæ къахыл кæй слæууын кæнынц æмæ сæ фронты сæрты кæй рахизын кæнынц, уый тыххæй. Иубон та пзæры ’рдæм Цыколамæ æрцыдис немыцаг ног æфоæддон хай. Стыр зиæнттæ цыд сæ удæгас тых æмæ сæ техиикæйыл. Уымæ гæсгæ сæ бахъуыдис ног тыхтæ ’рбакалын. Немыцаг салдæттæ хт^уамæ бахсæвиуат кодтаиккой Мæрзойты хæдзары. — Уыдон та уын чи сты? — гуымир æгъдауæй афарстой гиреронтæ, уаты дыууæ нæлгоймаджы куы федтой, уæд. Хуыс- сæнтæм сæм автоматтæ ныддардтой. 430
— Ма фехсут, уый мæ фырт у, — Урузбековæй загъта Мæр- зойты Лези æмæ сæ разы, цæссыгкалгæ, йæ зонгуытыл æрхауд- та. — Й.æ сывæллоны бонтæй фæстæмæ мын инвалид у... Не- мыцæгты цыма бауырныдта, усмæ дæр æмæ лæппумæ дæр куьг бакастысты æмæ иугъуызон саулагъз куы уыдысты, уæд. — Уый та ме ’фсымæр у, — загъта сын, хуыцаумæ лæгъз- тæгæнæгау, Пашæ, — рæуджытй низæй сæйы... «Уазджытæ» иннæ уаты сынтæджытыл æрынцадысты. «Фы- сымтæ» сæхицæн зæххыл бауат кодтой. Æхсæв бонмæ Пашæ Никитæ Шикины барæй тыхæй хуыфъгн кодта. Уымæй тынгдæр та йæхæдæг къуыххытт-къуыххытт кодта. Йæ райсом немьш ацыдысты æмæ фæстæмæ нал æрбаздæхтысты. Мæрзойты хæ- дзары къулыл гæххæтты уæлæ стыр хъæрнывтæй ныффыстой: «Ацы хæдзары тæфтыл мачи ацæуæд. Бинонтæ туберку- лезæй сæйынц æмæ уыл бахæцдзæн». Пашæ æмæ ма Лезийы дæр æндæр цы хъуыдис. Дис дæр ма кодтой, ацы хатт сыл уыцы æлгъыстæгтæ афтæ куыд бау- уæндыдысты, хуыссæнтæ куыднæ сызмæстой. Устытæ ма уый фæстæ бахастой æртæ цæф хæстоны. Никитæ Шикин — не ’фса- ды сæрмагонд хайы раздæры хайадьг капитан — хæйрæгдзи- надæй архайдта ’немыцыл. Уый-иу фæдсафынæн бахызт сæ сыхаг Хъайырты стыр дыргъдонмæ æмæ иу сын сæ 5 лæп* пуимæ хъазыд (сусæгæй-иу сын амыдта немыцы ныхмæ тохы амæлттæ æмæ цæф хæстонтæн æххуысы фæрæзтæ, хъæуы адæ- мы ’хсæн цы ныхæстæ тауын хъæуы, уыдæттæ). Шикинæн йæ цæф зæвæттæ, боныфæстагмæ, сдзæбæх сты æмæ дыууæ хæстонимæ махонтæм ацыдысты. Цыколайæ немы- цæгтæ сырд куы ’рцыдысты, уæд Абас Урузбеков æмæ-иу æн- дæр уæззау цæф хæстоны та Советон Æфсады госпиталмæ барвыстой. Цæф хæстонтæ сæ ирвæзынгæнджытæн зæрдиаг хæрзбон загътой, хъæбыстæ сын кодтой: — Мах немыцаг фашисттæй райсдзыстæм уæ маст. Уæ хорздзинæдтæ’ уын никуы ферох кæндзыстæм. ...Æмæ, æцæгдæр, ныр Пашæ )æмæ Лези арæх исынц фыс- тæджытæ Советон Цæдасы алы кæрæттæй, уыцы хæстонтæй ма удæгас чи баззадис, уыдонæй: Никитæ Шикин сæм фыссы Сим- ферополæй, Абас Урузбеков — Дербентæй, Васили Белоусов — Краснодарæй, Иван Сыряк — Ставропольг крайы иу хъæ- уæй... Сæхимæ хонынц сæ ирвæзынгæнæг хъæбатыр сылгой- мæгты, сæхицæн сæ мæдтæ загътой. Фæлæ кæм æвдæлы Мæр- зойты Бибойы чызг Елизаветæйы йæ зæнæджы зæнæгæй. Стæй ма йын рацу-бацуйы бон дæр кæм ис тохæфхæрд сылгой- магæн?.. ^г
Георги - Владимир Пухаты Алыксандр ЗÆРДÆЙЫ ЦÆССЫГТÆ юсаг у, æвæдза, лæджы хъысмæт. Иутæм йæ мид- былты срæхуды, иннæты та цъæхснаг уисæй фæнæмы. Хъыс- мæт нæ барæвдыдта Плиты æртæ æфсымæры дæр. Кæмдæр са^ сæ райгуырæн уæзæгæй дард хæсты быдыры ныйиугай кодта. Æртæ хъæбатыры, — хæдзары æртæ рæбинаг цæджын- дзы — сæхæдæг æфсад уыдысты. Цины фынгыл-иу сæ æйттмар- дзæйы зарæг чи самыдта, уымæ-иу хъусынтыл фесты. Цы чы- сыл рацардысты, уымæй, сын «дæ цæст сау» никуы ничи загъта, ничи сæ зыдта ныхысæрыйас маст дæр. Зын æмæ сындзытыл цæуæгау уыдис Плиты æртæ зынг- хуысты — Георги, Владимир (Къязо) æмæ Алексийы цардваен- даджы райдиан. Сæ фыд Чакъо (Захар) æмæ сæ мад Нинойы (Хуыбецоны) хъæубæстæ куыстуарзаг æмæ кæрдзындæттагæй зыдтой рагæй фæстæмæ. Цыбыркъух ныййарджытæн сывæл- лæттæ бирæ уыд — фондз лæппуйы æмæ æртæ чызджы. Нæ зыдтой æхсæв æмæ бон, куыстæй сын сæ астæутæ сраст кæны- ны рæстæг дæр нæ уыдис. «Нæ сабитæ рахъомыл уæнт, фæ-кæ- 432
Алекси Баграт сыны фыдæй сыл мацы ’рцæуæд, уый йедтæмæ æппæт зынтæ дæр быхсдзыстæм», — дзырдтой-иу уыдон... Лæппуты хистæр — Георги скъоламæ цæуынхъом фæцис æмæ-сæхи хъæуы райдыдта ахуыр кæнын. Фæстæдæр иннæ лæппутæ дæр сæ къухмæ райстой скъоладзауы хызынтæ. Зæр- дæрайæ ахуыр кодтой. Георги райдиан скъолайы фæстæ ба- цыдис колхозон фæсивæды скъоламæ æмæ йæ каст фæцис 1928 азы. Æнудæсаздзыд ныфсхаст лæппу арастис Ганджайы го- рæтмæ (ныр Кировабад) æмæ уым æфсæнвæндаджы куысты ныллæууыд. Йæ уд, йæ дзæцц уыдис машинист суæвын. На- мысджынæй фæкуыста уым цалдæр азы, стæй Тбилисмæ ра- ивта. Ам дæр та дарддæр кодта йæ уарзон дæсныйад. Сиукъа- ты чызгимæ сæ цард сиу кодтой. Баисты чызг æмæ лæппуйы .хицау. Арæхстджын æфсæнвæндагон кусæг Тбилисы райста -хорз фæлтæрддзинад. Аргъ ын кодтой хистæртæ, йæ куыстыл- иу ын сæ цæст æрæвæрдтой. Æрыгон коммунист уыд раззагон- ты номхыгъды. Улæфты рæстæджы-иу æрбацыд Принеумæ, йæ ныййарджыты-иу абæрæг кодта, федта-иу хъæубæсты, стæй та-иу йæ куыстмæ атындзыдта. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд æм иуахæ- мы йæ хистæртæ фæсидтысты æтæ йын загътой: — Ды, Георги, фæлтæрд машинист дæ, дæ куыстмæ дыи фау никуыма ничи æрхаста. Нæ зæрдæ дыл дарæм, æндæр ран дæр афтæ арæхстджын кæй уыдзынæ. 28* 433
— Разы дæн, кæд мæтохы быдырмæ æрвнтинаг стут, у<æд, — хъæлдзæгæй сын загъта Георги. Райдыдта дардвæндæгтыл цæуын. Æгъуыссæг æхсæвтæ. Тæссаг сахаттæ, арвыл æнæнхъæлæджы фæзынæг знаджы хæд- тæхджыты нæрын. Минæтæ æмæ мæлæтхæсоæг бомбæты срæ- мыгътытæ. Бирæ хæттыты. бахауд тасы, бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, фæлæ та-иу æвыдæй баззад, бæллæхæй-иу раир- вæзтис. Дæсгай мин километртæ сарæзта фæсчъылдымæй фрон- ты хахмæ æмæ уырдыгæй та — фæстæмæ. Бирæ хотыхтæ фæ- ласта фроптмæ, бирæ уæззау цæф хæстонтæн скодта удыбæ- стæ. Æмæ дзы райгоид уыдысты. Сндтысты йын бузныгдзинад бузныгдзинады фæдыл. Хæсты фæстæ дæр бирæ уæзтæ фæла- ста Плийы фырт, хæст цы районты сфæлахс кодта, уырдæм. Кавказы хохрæбынтæй нæ бæстæйы ныгуылæн арæнтæм. 1946 азы 15 майы Георги арастпс йæ фæстаджы рейсы. Æнæнхъæлæджьг кæмдæр, фæндагмæ æввахс, æхсты рæстæ- джы дзæгъæл нæмыгæй фæмардис номдзыд æфсæнвæндагон кусæг-коммунист. Уый Плиты хæдзарвæндагæн уыдис æр- тыккаг уæззау зиан. Йæ мард ма йын йæ фыды сыджытыл сæмбæлын кодтой. Абоны онг дæр æххæст бæрæг не сты дом- бай лæппу-лæджы мæлæты аххосæгтæ. Бæрцæй 36 азы фæ- цардис а дунейыл цыбыр, фæлæ рæсугъд цардæй. Плиты æфсымæртæй адæм уæлдай тынгдæр зыдтой Вла- димиры (Къязойы), рæстæмбис, бæзæрхыг, тымбылдзæсгомг рæсугъд лæппуйы. Æппынæдзух хъæлдзæг, худæнбыл уыдис. Ныхас кæнын-иу куы райдыдта, уæд-иу æм лæг хъусынтыл фæцис. Иннæтæй бæрæг тагъддæр ахæццæ йæ лæджы ранмæ. Гайлаг рæуæдæй куыд бæрæг вæййы, афтæ уымæи дæр йе ’взыгъддзинæдтæ фæбæрæг сты йæ гыццылæй. Сæхимæ Принеуы хъæууон скъола куыддæр каст фæцис, афтæ бацыдис Цхинвалы педтехникуммæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис. Дыууа* азы бæрц фæцахуыр кодта Тбилисы финансон-экономикон ин- ституты. Ну афæдз фæкуыста Мугуты скъолайы ахуыргæнæ- гæй, стæй йæ аивтой Знауыры астæуккаг скъоламæ ахуыры хайы сæргълæууæджы бынатмæ. Цалдæр азы дзы акуыста, стæй йæ районы адæмон ахуырады хайады хицауæи баурæд- тон. Уый фæстæ каст фæцис Тбилисы уæлдæр партион скъо- ла æмæ йæ Знауыры райкомы партион хайады сæргълæууæ- джы бынатмæ барвыстой. Алы ран дæр — æнæзæрдæхудт куыст, алы ран дæр — йæ хъуыддагыл æнувыд. Ахæм цæстæи кастысты зæрдæргъæвд æмæ хъаруджын лæппумæ йе ’мкус- джытæ, хистæртæ. Тулдз бæласау, акъабæзтæ кодта Владимир царды гуыл- фæнты Тадтаты Оляимæ, метехаг хæларзæрдæ чызгимæ Гьг? амонд сиукодта (педтехникумы ахуыр кæнгæйæ базонгæ сты и^мæ). Баисты дыууæ чызджы мад æмæ фыд. Цард цыдис размæ ахъаззаг къахдзæфтæй. Алы бон даср 434
фæллойуарз адæймагæн хаста цыдæр ног æхцондзинад, ции æмæ амонд. Фæлæ дын иу бон уыцы цинты таг фескъуыд. адæймаджы цæсгомыл фæтарис фæлмæн мидбылхудт, хурбоны æгæрон арвыл фæзындысты сау мигътæ. Фæзындысты Ныгуы- лæнырдыгæй æмæ арфдæрæй-арфдæр цыдысты Скæсæнмæ. Ныггуылф кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты пиллон æмæ йæ иæхæртæ, ихæрцыдау, апырх сты Райгуырæн бæстæны егъау тыгъдадыл- Адæм æнцад-æнцойæ сæхицæн цы царды фæндтæ кодтой, уыдонæй иуæн дæр хъысмæт иал радта сæххæст кæны- пы фадат. Владимир бæрнон кусæг кæй уыд, уымæ гæсгæ йын ам, бынаты, радтой батальоны къамисары ном. Уыдис районы æр-- сидтоп пупкты хистæр. Р1æхи фронтмæ кæнын кодта, фæлæ йьш районы хицæуттæ йæ фæпдоныл не сразы сты, стæй уый дæр партийы обкоммæ куырдиат барвыста, фронтмæ мæ акæнут, зæгъгæ. Иуахæмы йæм обкомы фыццаг секретарь йæхимæ фæсид-. тнс. Иæ цуры пæ æрбадын кодта æмæ йып фæлмæп хъæлæсы- уагæй афтæ зæгъы: — Лæппу, пæ йæ зоиыс, ам иæ къухтæм кадртæн æмха- сæнтæ кæй ка°,нæм, ’уый? — Мæ зæрдæ ам иал ис хæсты фыццаг боиæй фæстæмæ, — ’ саоырæй йын дзуапп радта Плийы фырт. — Ам, фæсчъылдымы дæр намысджын куыст кады хъуыд- даг у. ’ — Уый æмбарып, фæлæ уæддæр фронт æпдæр у. Мæ зои- гæ хæстонтæ уæлахизæй фæстæмæ куы ’рыздæхой, уæд мын мæ цæстмæ дардзысгы, уæйыджы хуызæи лæппу дæ æмæ’ афтæ- мæй дæхи бааууоп кодтай, зæгъгæ, — сагъæсгъуызæй загъта Владимир. Обкомы секретарь ма йын бæргæ цыдæртæ фæдзырдта, фæлæ уый æнцад хъуыста, хатт-иу йæ сæр разыйы тылд ба- кодта. Стæй йæ кабинетæй куы цыд, уæд æм ныллæг хъæлæсæй бадзырдта, фенынмæ уал, зæгъгæ. Обкомы секретарь цæмæй зыдта, уыцы хæдæфсæрм, фи- дæрттæарæзт лæппу-лæгыл дыккаг хатт кæй никуы уал фем- бæлдзæнис, уый?.. Растдæр фоидз боны фæстæ арастис тохы быдырмæ. Сæхи- мæ ма фыстæг бæргæ иыффыста, фæлæ йæ посты лагъзы нып- пæрстаид, уый фадат дæр ын иал фæцис. Гомты станцы поезд йæ цыд фæсабырдæр кодта. Акастис Владимир перронмæ æмæ дзы иу зонгæйыл йæ цæст схæцыдис. Æртæтигъон æрвгъуыз конверт æм баппæрста, фæлæ йын зæгъыи ницы йæ бон бацис. Атындзыдта поёзд йæ дард фæндагыл. Фыстæг фæхæццæ При- неуы хъæумæ. Æрхæндæг ныййарджытæн пог мæт, ног сагъæс- тæ бахуын кодта. 435
Краснодарæй та сæм æрырвыста фыстæг. Уый дæр та æртæтигъон конверты. Фыста сæм: «Мæ зынаргъ ныййарджытæ! Уæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Нырма дзæбæхтæ дæн. Фаелэе нырæй фæстæмæ цы уыдзæн, уы- мæн иунæг хъысмæт йæ зонæг. Цæуæм хæсты быдырмæ. Фроыт æввахсæй-æвввахсдæр кæны»... Уый уыдис цардбæллон, ныфс- хаст къамисары фæстаг фыстæг. Дзæгъæлы ма йæм æнхъæлмæ кастысты фыстæгмæ сагъæсгъуыз мад æмæ фыд, йæ цардæмбал, æнкъард-зæрдæ хотæ. Цыма йæ Сау денджыз аныхъуырдта, уы- йау йæ фæд æрбайсæфтис. Фæстæдæр терегуайнаг лæппу цæфтæй сæхимæ æрыздæхт æмæ сын уый радзырдта, зæгъгæ, дам, Владимиримæ иумæ хæ- цыдыстæм. Сау денджызыл Керчмæ æвыдæй ахызтыстæм, фæлæ, дам, Керчы цур карз тохы бахаудтам. Минæйы схъисæй йæ галиу цопг рæмбынкъæдзтæм фæдыдагъ, фæцæфис йæ къах дæр. Стæй, дам, æй госпиталмæ аластой. Фæстагмæ, цы бацис, уый нал базыдтон. Æмæ æнхъæлмæ кастысты бинонтæ сæ тохы бæлццопæй бæрæг ныхас фехъусынмæ. Æмæ дзы фехъуыстой иу зымæгон уазал бон. Иæ размæ бон Чакъомæ колхозы кантормæ фæ- дзырдта æмæ йын загътой, райкомы секретарь дæм йæхимæ сиды, зæгъгæ. Иæхимидæг бацин кодта, æвæццæгæн, зæгъгæ, мæ фыртæй исты фехъуыста. Æмæ арастис Знауыры райцентрмæ, мит фæлдзæгъдæн кодта, дымгæ цæсгомы ’рдыгæй дымдта, ^афтæмæй. Райкомы бæстыхайы раз йæ миттæ ацагъта, дæрзæг къух- мæрзæнæй йæ ныхы хид асæрфта, стæй уæлæмæ, асинтыл схызт. Чъызгæйæ байгом кодта райкомы фыццаг секретары кабинеты дуар æмæ мидæмæ бахызт. Лазарашвили Раман æй куы ауыдта, уæд йæ бандонæй сыстад, æнкъардгъуызæй йæ размæ рауад, йæ къух ын райста æмæ йæ йæ хæдразмæ сбадын кодта. Исдугмæ ныхъхъус сты сæ дыууæ дæр, алцы дæр бамыр ис, цыма æддийæ дæр ты- мыгъ банцад, мит дæр йæ уарынæй фæлæууыд, нал цыдис Про- нейы доны иугъæдон сæр-сæр дæр. Зæронд лæджы зæрдæ цы- дæр хаты, мидæгæй хуынчъытæ кæны, рæдувы æддæмæ, йæ цавд фæтынгдæр. Æппынфæстаг, зынтæй сфæрæзта. — Раман, æнхъæл дæн, сидтæ мæм. Кæд исты фехъуыстай, уæд мыи æй мауал бамбæхс. Мастæн бамбæхсæн нæй, зæрдæ- йы куы нæ уал ц§еуа, уæд ратондзæнис... — Чакъо, Къязойы сау, гæххæтт... Хъæбатырæй, дам...— æмæ йæ иыхас кæронмæ нал загъта. Чакъойы цæстытæ атарытæ сты, хъуыр æрбахгæдта, аф- тæмæй тыхурæд кодта йæхи. йæ цæстытæй цæссыг нал хаудта» фæлæ уыйхыгъд, мидæгæй, мастæфхæрд риуы ныссæххæтт ко*дтой зæрдæйы судзгæ цæссыгтæ. Хус рæстæг къæвдайы æр- тæхтæ донцух мæры куыд ахъарынц, уыйау ахъардтой зæ- 435
ронд лæджы фæллад, фæлмæцыд уæнгты æмæ йæ, судзинау, хуынчъытæ кодтой. Арвæй сау мигъы дзыгуыр æрыскъуыди æмæ иаупæлæзы хуызæнæй æрцауындзæг сæ хæдзары сæрмæ. Мит уарыдис ставд пирæнгæмттæй, дымгæ-иу, æнафоны бæлццоиау, рæстæ- гæй-рæстæгмæ бахоста салд рудзгуытæ. Афтæ аскъуыдис æрдæгыл зынгзæрдæ коммунисты цард. Дард Хъырымы зæххыл, кæмдæр йæ туджы æртæхтæ Фыдй- бæстæйы сæрыл кæм ныккалдта, уым ныр артау судзынц алы- гъуызон дидинтæ, хæстоны æбæрæг ингæн зæххы ’мвæз ссис. Ам, сæхимæ, Принеуы та йæ афтид ингæныл бæрæгæй дары абоны онг дæр хъæдын дзуар. Æфсымæрты кæстæры хистæр (кæстæр Илья хæсты раз- мæ фæзиан сæхимæ) Алекси Октябры революцийы æмкар уыд. Бæрзондгомау, нарструс, онгджын. Лæппуйæн рагæй уыд йæ бæллиц афицер суæвын. Сæхимæ рандайæн скъола каст фаз- цис. Стæй та ахуыр кодта Аунеуы астæуккаг скъолайы. Иу- ахæмы Чакъоты хæдзары уазджытæ минас кодтой. Семæ уы- дис Знауыры æфсæддон къамисар Цæбийы фырт дæр. Радоп куывд куы ракодтой, уæд уый хъазгæйæ афтæ зæгъы: — Чакъо, дæ цыппар лæппуйæ дын иуы хъуамæ æфсадмæ акæнæм. Цы зæгъдзынæ? Алекси йын йæ фыды бæсты дзуапп радта: — Мæнæ мæн акæнут, кæинод ме ’ннæ æфсымæртæн би- понтæ ис æмæ куы фæтыхсой. — Гъе, уый дын лæджы ныхас, — бахахх кодта æфсæд- дон къамисар æмæ йын хæларзæрдæйæ йæ къух нылхъывта. Уый уыдис 1939 азы уалдзæджы. Арастис Сырх Æфсады служ- бæ кæнынмæ æмгаруарзаг лæппу, дæсæм кълас дæр æххæстæй каст нæ фæцис, афтæмæй. Хурныгуылæн Белоруссийы, Гроднойы горæты тапкæйон ахуыргæнæндои каст фæцис. Ссис танчы команднр. Фыстæ- джытæ сæхимæ æрвыста арæх. Суанг-иу сæ хæстæджыты хæс- тæджыты дæр фæфарста. Цæуынхъус уыд, афтæ ма æрырвыста фыстæг. Уым фыста: «Мæ зынаргъ ныййарджытæ, хотæ! Тагъд уæм ныццæу- дзынæн, кæд бæстыл стыр дымгæ нæ сыста, уæд æмæ мæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæндзынæн». Фæлæ æрыгоп лæппуйы бæл- лицтæн хъысмæт нал радта сæххæст кæныны фадат. Нæ Рай- гуырæн бæстæйы æгæрон зæххыл, æцæгдæр, сыстад æбуалгъы дымгæ. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Цард æмæ мæ- лæты ’хсæн цыфыддæр тох. Хæсты фыццаг бон бацыдис фа- шистты ныхмæ карз тохы иыфсхаст танкист. Домбайау лæ- бурдта размæ, куынæг кодта немыцаг тыхæйисджыты, сыгъта сæ йæ цæхæрæй. Хæсты цыппæрæм боп фыста сæхимæ йæ цы- быр фыстæджы: «Мæ зынаргъ пыййарджытæ! Абон хайад райстон иттæг 437
карз тохы. Цалдæр сахаты бæрц ахаста. Хъустæ къуырма код- той сармадзанты нæрын æмæ танкæгы гуыр-гуырæй. Уæлахи- зазй аскъуыддзаг иæ тох. Æвыдæй баззадтæи, мæ буар иу цъæр- рæмыхст дæр нæ фæцис. Дарддæр цы уыдзæн, уый зын зæ- гъæн у. Фысдзынæн уæм, мæ фадат куыд амона, афтæ... Арæх уæм фысдзынæн. Уæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Уæхи Алекси. 1941 азы 26 июнь». « Стæй иунæг фыстæг дæр пал æрырвыста, йæ кой, йæ хъæр иал райхъуыстис æиувыд хæстопæн. Фыд æмæ йæ æфсымæртæ бæргæ æмбæрстой, цыдæр бæллæх ыл кæй æрцыд, уый. Фæлæ æндæр у уарзæгой мады зæрдæ. Йæ хъæбул кæй æрбасаухæ- дзар, уый йæ нæ уырныдта æмæ йæм каст æнхъæлмæ. Йе ’рцыдмæ æнхъæлмæ каст аст æмæ ссæдз азы дæргъы æхсæ- вæй-бопæн, фыны уа, æви хъалы. Бафæллад зæрдæрыст мад фырæнхъæлмæ кастæй, йæ дадалитæ сурс сты, йæ цæсгом — фенцъылдтытæ, бадомдта йæ сусæг маст. Иуахæмы та къулæй райста, йæ хъæбултæ тымбылæй ист кæм уыдысты, уыцы къам. Бирæ йæм фæракæс-бакæс кодта, йæ куыстдзагъд къухæй-иу æй па^ риумæ нылхъывта. Куы схуыссыд, уæддæр ма йыл йæ къухæй фидар хæцыд, афтæмæй бафынæй... Бафынæй æмæ æнустæм нал райхъал зæронд ус. Афтæмæй дæр къамыл фидар хæцыд, пæ йæ суагъта, цыма йыи искуыдæм лидзынæй тарстис. * Тулдз бæласау, фидар лæууыд уæддæр æрхæндæг æмæ фæлмæцыд фыд. Абон дæр ма фидар у, уытæппæт мæстытæ- бавзарæг нæуæдзаздзыд зæронд лæг Плиты Чакъо, колхозон куысты — активои, хъæубæсты дзырддзæугæдæр, хъæубæсты чъирикувæг. Сæрыстыр у абон номдзыд зæхкусæг йæ зынгхуыст хъæ- булты сывæллæттæй. Йæ хистæр хъæбул Георгийы фырт Тен- гпз инженер у, йæ чызг — Лианæ та — зоиадои кусæг. Дыу- уæ чызджы баззад Владимирæп. Сæ дыууæ дæр — кæм фед- тай, ахæмтæ. Сæ мад Оляимæ иумæ цæрынц Цхинвалы. Хис- тæр чызг Светлаиæ аспирантурæйы ахуыр кæны, стыр зонадон куыст æм æнхъæлмæ кæсы, кæстæр — Валентинæ — дохтыр у- Дыууæ хистæр зынгхуыст æфсымæры, тулдз бæлæстау, дардыл акъабæзтæ кодтой, кæстæр зынгхуыстæн нæ фæцис йæ фæстæ бындар пыууадзыны фадат, "фыдæлтыккои æбæрæг къухфыс- тытау, йæ фæд æрбайсæфт. Бынтоп æидæргъуызои рауад Плиты цыппæрæм æфсы- м^ер — Баграты хъысмæт. Карды комыл цæуæгау, уыдис йæ фæндаг тохы быдыры, фæлæ уæддаф æрыздæхти йæ фыды уæ- зæгмæ. 438
Баграт Алексийæ дыууæ азы хистæр йедтæмæ иæ уыдис. Уый дæр, йæ зынгхуыст æфсымæртау, райдианы ахуыр кодта сæхи хъæуы скъолайы. Стæй та — Ганджайы (Кировабады) * рабфачы. Иу æмрæстæджы куыста уым, æфсæнвæндаджы де- пойы. Фæстæдæр Плийы фырт каст фæцис Тбилисы паддзаха- дон университеты историол факультет. Иу цалдæр азы куыста ахуыргæнæгæй Знауыры районы. Уыд Тормаиеулийы астазои скъолайы директор. Ардыгæй йæ 1941 азы июлы акодтой æф- садмæ. Уайтагъддæр æй баурæдтой ротæйы политкъухдариуæг- гæнæджы хæдивæгæй. Фыццаг хæстон фæлтæрддзинад райста æрæгвæззæджы, Ростовы цур 102-æм сæрмагонд резервон бри- гадæйы сконды. Ам Баграт уæззау рынчын фæцис æмæ йæ фæсчъылдыммæ хос кæнынмæ арвыстой. Куы сдзæбæх ис, уæд ай арвыстой Энгельсы иомыл Ленинграды æфсæддоп-полити- кон ахуыргæнæндонмæ. Каст æй куы фæцис, уæд ын лейтеиан- ш иом радтой æмæ араст Сталинграды фронтмæ. Ныхæй- |1ыхмæ та фембæлд фашистон тыхæйнсджытимæ. Сæ 159 æхсæг дивизи позицитæ бацахста Сталинградæи цæгатæрдыгæй фарс, стъау æфсæнвæндагон æлхынцъ Морозовкæйы цур. Немыцæг- тæ уыцы районы сæхи тынг æрфидар кодтой. Дæс боны дæр- гъы махуæтты размæ къахдзæф кæиын дæр нæ уагътой. Фрон- ты командæкæпынадь1 бардзырдмæ гæсгæ зиаджы фæсчъыл- дыммæ æрвыст æрцыдысты Сырх Æфсады хицæн къордтæ. Фашисттæ æнæнхъæлæджы цауæй фергъуыйау сты æмæ æвæт- кæй фæстæмæ лыгъдысты. 1943 азы’ 6 январы дивизи Моро- зовкæйы горæты ссæрибар кодта. Тохты йæхи хъæбатырæй равдыста Плиты Баграт дæр. Уый уæд, полчы комсорг уаевгæ- пæ, разамынд кодта десаитон къордтæй сæ иуæп. Хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады тыххæй майданæй, 159-æм дивизи тохты кæй фесгуыхт, уый тыххæй йып лæвæрд æрцыд кадджып пом — ссис 61-æм гварднон æхсæг дивизи. Уыцы ’ аз сæрды дæргъы дивизи иннæ æфсæддон хæпттимæ иумæ æптысгæпæ размæ бырста Доны тыгъд быдырты. Тохвæлтæрд Сталипград баззадис дард кæмдæр фæстейæ. Дивизи бахæццæ стыр Украп- паг горæт Славяискмæ. Ам ын немыцæгты ныхмæ бацайдагъис уæлдай карз тох. Бахъуыдис та нæ хæстонты лæджыгъæды сæр. Немыцæгтæ ам сарæзтой бирæ фидар хæцæи бынæттæ. Хæдзæртты æмæ- æрхгæндты нымбæхсгæйæ, нæмыг, нхуарæгау, калдтой иæ размæбырсæг хæстонтыл. Уæлдай уæззау уавæры ла Багратиты ротæ бахаудта. Немыцæгтæ сæ сæхимæ æввахс æрбауагътой, стæй сыл нæмыг иызгъæлстой. Махуæттæ зæх- хыл ахуыссыдысты, гуыбыны цъæрттыл фæсфæпдаг æрхгонд- тлæ бабырыдысты æмæ уым сæхн бааууои кодтой. Стæй та раз- мæ афсæр’стой. Плийы фырт дыууæ хæстонимæ æфсæнвæнда- джы фалейæ февзæрдис. Ие ’мбæлттæй сæ ну куыддæр нæ сæр сдардта, афтæ мардæй Гшо мидбынаты æрхауд. Фæфиппадтой сæ немыц. 40П
— Æхсгæ! Не ’мбалы туг исгæйæ у! — бахъæр кодта Баг- рат йе ’ннæ ’мбалмæ, бастдзинадонмæ, æмæ фашисттыл йæ- автоматæй снымадта, йæ бынат иу ранæй иннæ ранмæ ивгæйæ. Цалдæр гитлероны фæмард сты. Баграт йе ’мбал хæстоны ар- выста знаджы фæсчъылдыммæ, цæмæй сыл уырдыгæй æнæн- хъæлæджы гранаттæ бахстаид æмæ «та фергъуыйау уыдаиккой. Фоидз гранаты сыл куы фехста, уæд фашисттæ иыхъхъус сты„ Багратитæ исдуг банхъæлмæ кастысты. Ницы та хъуысы,' знæгтæ цы будкæйæ æхстой, уырдыгæй. Уæд махоитæ, зæххыл ахуысс-ахуыссгæигæйæ, будкæмæ æввахс бацыдысты. Ницы та; дзы хъуысы. Баграт æркъæппæввонг автоматимæ будкæйы фаллаг къулгæронмæ бацыдис. Æнæнхъæлæджы рудзынгæй нæмыг йæ иувæрсты ратахтис. Уайтагъддæр фæгуыбыр кодта æмæ рудзыпгæй мидæмæ гранат баппæрста. Стæй йе ’мбалимæ æхсгæ-æхсыи рудзынгæй мидæмæ бабырыдысты. БаййæфтоГг ма дзы иу цæф гитлероны. Фашист фырадæргæй йæ хъæлæсы- дзаг ныхъхъæр кодта æмæ йæ автомат иуварс аппæрста. Уа- цайраджы полчы штабмæ æркодтой. 1943 азы æрæгвæззæг. 61-æм гвардион æхсæг дивизи дард- дæр размæ цыдис Хуссар-Хурныгуылæиырдæм. Запорожейы горæт аззадис иуварс рахизырдыгæй. Диепры донбылгæроп^ Никополы горæты сæрыл та бацайдагъис карз тох. Знаг ардæм æнæсцухæй æрвыста ног æмæ ног æфсæддоп хæйттæ, бирæ хæстон техникæ. Нæ сæ фæндыдис никелæй хъæздыг, егъау стратегион нысаииуæг кæмæн уыд, уыцы горæг ныууадзын. Сырх Æфсады баиугæндтæй иутæ нæ паддзахадон арæнтæм бахæццæ сты, уæддæр ма йæ сæ къухы дардтой. Нæ командæкæнынад аскъуыддзаг кодта æвæстиатæй го- рæт ссæрибар кæнып. Ардæм Мæскуыйæ æрхæццæ Ставкæйы минæвар, инæлар Воронов. Махуæттæ ацы ранмæ æрбаластоГг бирæ сармадзантæ, «Катюшæтæ». Никополмæ размæбырст райдыдта дыууæрдыгæй. Скæсæны ’рдыгæй Дпепрыл бырста 61-æм гвардион дивизи. Хурныгуы- лæиырдыгæй та — æндæр æфсæддон хæйттæ, уыцы нымæцьг пиæлар Плиты Иссæйы барджытæ. Не ’фсæддон фыццаг къорд бахæццæ Каменкайы районмæ, Днепры цæугæдонмæ. Æхсæвы йыл хъуамæ пæ раззагон æфсæддон хæйттæ ахызтаиккой. Куыддæр бон.цъæх кæныи байдыдта, афтæ махуæтты фыццаг лодкæтæ доны фаллаг фарс февзæрдысты, семæ уыд Плитьг Баграт дæр (полчы парторг). Фашисттæ фазстæмæ цæугæйæ фæнд кодтой горæтæй бирæ æрзæт æмæ хæстон æрмæг аласып, фæлæ сын не ’фсæдтæ уый бар нæ радтой. Изæрдалыпгтæ кодта, афтæ Никополы сæрмæ сфæйлыдта сæрибары тырыса. Уырды- гæй 61-æм гвардпон æхсæг дивизи йæ фæндаг акодта Никола- евьгл. Карз тохты фæстæ горæт сæрибар æрцыд. Ие ’фсæд- дон хæйттæ. горæтмæ бацыдысты, немыцæгтæ кæй срæ- мыгътой, уыцы егъау иауаразæн завод «Марти»-йы ’рдыгæй. 440
Уый фæстæ сын уалдзæджы Сау денджызы донбылтыл размæ бырсын фæзындæр ис, дæттæ кæй раивылдысты „ æмæ- фæндæгтæ кæй сцъыф сты, уымæ гæсгæ. Махонты резервон æф- сæддон хæйттæ æмæ хæринагаразæн къухнитæ раззагонтæй фæиппæрд сты- Ахæм зын уавæрты партион-политикон кус- джытæ, уыдонимæ Плиты Баграт дæр, бирæ сарæзтой бынæт- тои цæрджыты смобилизаци кæныны хъуыддаджы. Уыдон- арæзтой фæндæгтæ, нæ хæстонтæн ластой æмæ хастой хæстои æрмæджытæ. Одессæйы горæт. Дивизи йæм бырста Цæгат-Ныгуылæны- рдыгæй. Размæбырсæг раззагон ротæйы уыдис Плийы фырт дæр. Карз тохтæй сæ иуы ротæйы командир мард фæцис. Баг- рат йæхимæ райста ууыл командæ кæныны хæс æмæ йæ хæс- тонты размæ акодта. Æндæр æфсæддон дæлхæйттимæ иумæ ротæ иттæг æнтыстджынæй сæххæст кодта командæкæнынады бардзырд. Одессæ сæрибар æрцыд 1944 азы 10 апрелы. Плиты Баграт горæт ссæрибар кæныны сæрыл тохты йæхи хъæбатыр æмæ арæхстджын командирæй кæй равдыста, уый тыххæй йæ бавдыстой Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæны орденмæ. Фæлæ ирон хæстон фæцæф ис, æмæ, хъыгагæп, орден абон дæр йæ хицауы къухтæм нал бахауд. Цалдæр мæйы дæргъы Баграт фæхуыссыд госпиталы. Æртæ хатты йын сарæзтой операцитæ. Уый адыл ын нал фæцис дарддæры размæбырсæн, уæлахиз- хæссæг тохты хайад райсыи. Хæстæй Баграт æрыздæхтис Сырх Стъалыйы орденимæ, гвардийы капитаны номимæ. Къорд азты дæргъы куыста партион æмæ советон органты, бæрнон бынæтты, Тбилисы каст фæцис уæлдæр партион скъола. 1949— 1952 азты уыдис Знауыры райæххæсткомы сæрдар. Уæдæй суанг абоны онг кусы Гуырдзыстоны зонæдты Академийы Хус- сар Ирыстоны зонад-иртасæг институты, у историон зонæдты кандидат. Фæлтæрд хæстонæн сабырадон куысты дæр егъау æнтыстытæ ис. Цалдæр чиныджы ныффыста Хуссар Ирыстонм пог истори рафæлгъауыиы фæдыл. А
Гаглойты Владимир <ЦÆРДЗЫНÆН», — ЗАГЪТА Порфил лрдыл сты лæджы фæпдтæ, лæджы бæллицытæ. Йæ фæндтæ æмæ бæллицытæи кæрои нæ уыди Плиты Мухта- рæи дæр. Фæлæ цы давыиц фæпдтæ æмæ бæллицытæ, адæйма- гæн сæ сыххæст кæнынæн амал куы нæ уа, — æрмæстдæр фæнд- тæ, æрмæстдæр бæллицытæ! Цыбыркъух уыд Мухтар, æнæзæхх лæг, — æвæрæз. Цар- ды уæз, пъæззыйау, æрбадтис йæ мæгуыр артдзæсты къоиайы фарсмаэ аэмæ æддæмæ аггуырсын нал куымдта. «Гъей, джиди, тæхуды, дæ зæрдæйы фæпдиаг айваз дæкъа- бæзтæ, арæх-иу тæхуды кодта Мухтар йæ мид-зæрдæйы, ■— æниу лæджы амондæп та цы хъæуы, хуымы гæппæл,— чы- сыл царды фадæттæ цæрынæн. Цы ма> бафсадид кусынæй та...» Æниу, æвæдза, чи куыста уæхскуæзæй Мухтары хуызæн та. Æгас Рукъгомы йыл ничи тых кодта цæвæгæй хос кæрдын- мæ, æфцæгæй мæкъуылтæ ласынмæ. Фæлæ йæ цæпгты тыхæй сбаргæ фæллойы базркад цыд йа>хп хæдзары къуыммæ нæ, фæлæ искæй хæдзармæ. Æмæ дып, мæпæ, иу фæззыгон боп, 442
Митуш Ладн Димитр Внкт°Р
æрбайхъуыст Ручъы коммæ: «Большевиктæ раппæрстой рæстæг- мæйы хицауады æмæ паддзахады рохтæ сæ къухмæ райстой». Хабар, арвы нæрдау, Иры кæмтты айхъуыст æмæ базмæлы- дысты æнусты æфхæрд мæгуыр хæххонтæ. Райстой сæ къухмæ хæцæнгарз æмæ рацыдысты сæрибары хъазуатмæ. Æрбабаста йæ фыдæлты кард йæ астæуыл Мухтар дæр, сифтыгъта йæ хæцæнгарз æмæ фæцыд йæ комбæсты разагъта фæсивæдимæ æлдарад æмæ тыхтонагæнджыты ныхмæ лæгдзп- нады тохмæ. Растадысты меньшевикты ныхмæ Хуссар Ирыстоны фæл- лойгæнджытæ æмæ революцийы цæхæр арты рухсмæ топпы нæмыг æмæ карды комæй сæхицæн фæндаг агурын райдыдтои æпусты тарæй рухсмæ, цардмæ. Ныр бамбæрста Мухтар, йæ амонд куыд агургæйæ у, уый. Бамбæрста, æмæ йæ риуæй талынг дунейæ рухс цардмæ фæндаг гæрдын райдыдта. Уыд растадонты раззаг рæнхъыты. Фæлæ 1920 азы меныневиктимæ æнæмсæр тохы мæлæт- дзаг цæф фæци Мухтар. Чи зоны, цæуыл уыдысты йæ фæстаг хъуыдытæ Мухтарæи. Фидарæй йæ уырныдта, йæ тох дзæгъæ- лы кæй пæ фæуыдзæн, йæ туджы æртахæй кæй балхæдта йæ мæгуыр бинонтæн сомбоны сæрибары цард. Фæстаг хæрзбон ма загъта йæ уарзон хæхтæн, афтæ бирæ кæй уарзта, сæриба- рæй ацæрынмæ кæм бæллыд, æмæ йын цæрын кæм нал бантыст, уыцы ныййарæг зæххæн. Зыдта Мухтар, раджы уа, æви æрæджы, меньшевикты хица- уад пырх кæй æрцæудзæнис, æмæ йæ райгуырæн уæзæгыл кæн скæсдзæнис сæрибары хур. Æмæ йæ амæлæты фæстаг сулæфты агъоммæ йæ сидзæрты ныффæдзæхста ног дугæн, Советои хи- цауадæп... Æмæ тагъд рæстæджы сыххæст Мухтары фæстаг фæдзæхст. 1921 азы Цæгатæй хæхты сæрты рахызтис Иуæндæсæм арми, æрхаста йемæ Ленины рæстдзинад, ног цард, Советон хицауад. Амонды хур ракаст Мухтары сидзæр сабитыл. Айхъуыст ног зарæг, царды зарæг Ручъы кæмтты. Азæй-азмæ ивта мæ- гуыр бнионты уавæр. Фæзындысты скъолатæ, мæгуыртæн Сове- тон хицауад радта зæххы хай. Уый фæстæ та сырæзтысты колхозтæ. Мухтары хистæр фырт Порфил уыд, сæ хъæуы фыц- цаг хатт колхоз чи сарæзта, уыцы активондæр адæймæгтæй. Барухс сабиты мад Папелойы зæрдæ, йæ сидзæртæ, ныр царды сæ фæндаг ссардтой. Порфилы кæстæр æфсымæртæ Владимир æмæ Митуша каст фесты педагогон ахуыргæнæндоп æмæ кусып райдыдтой Ручъы астæуккаг скъолайы. Ради, цин кодта йе стыр амондыл Папело. Радн... Ции кодта... Фæлæ йын иу сæрдыгон райсом йæ рухс царды фæндтæ ас&ъуыдта фыдгул знаг. Райдыдта хæст. Æвнрхъау уац æрбайхъуыстис Ручъы 444
ггьæумæ даер, радгай, дзыхæй-дзыхмæ, хæдзарæй-хæдзармæ фыдуац азылди Ручъы уынгты. Байхъуыст Мухтары кæртæй лæдзармæ дæр. Уыцы бон Ручъы равзаргæ фæси(вæдимæ стыр хъазуатмæ фæндараст кодтой Мухтары кæстæртæ дæр. Сæ ныййарæг мад Папело фæстаг хатт дзырдта йæ хъæбул- 1<сн: — Зонут æй, мæ ахсджиæгтæ, куывдмæ, гъе, чындзæхсæв- мæ нæ цæут. Æрвитын уæ, уæ ныййарæг фыд уын йæ туджы æр- тахæй цы зæхх æмæ сæрибардзинад æрхаста, уыцы зæхх ба- хъахъхъæнынмæ. Фидар мын ут, уæ сæрыл хаст фæуон, ма мын фæтасут, уæ сæрмæ мын æгаддзинад ма æрхæссут. Цæрынæн \æ схъомыл кодтон, æмæ уæ царды сæрыл æрвитыи лæгдзинады хъазуатмæ. Рæствæндаг мын фæут æмæ мæм фæстæмæ сæоæ-' 1асæй æрæздæхут. Æмæ фæцыдысты Плиты Мухтары уæзæгæй йæ кæстæртæ лæгдзинады хъазуатмæ. Фæцыд Порфил, йæ цардæмбал Оленкъайы æвджид фондз æнæхъом сабийы ныууадзгæйæ, йæ дыууæ хистæр фыр- -1Ы Виктор, Димитр æмæ йæ кæстæр æфсымæртæ Владимир æмæ Митушимæ тугкалды тохмæ. Фондз тохы бæлццоны, фондз салдаты иу артдзæстæй. Хæсты æвирхъау уæз æрынцади фæсчъылдымы баззайæг сылгоймæгтæ, ас адæм æмæ æвзонг сабиты бæрзæйыл. Хæ- стх’БОм адæм фæцыдысты фронтмæ, иу дæр нал баззад хъæуы, колхозы уæззаудæр куыстытæ кæмæ хаудтой, уыцы нæлгой- мæгтæй. Сæ бынаты æрлæууыдысты сылгоймæгтæ, æвзокг са- битæ. , Йæ хъæбулты фæстæ Папело райста цæвæг æмæ карста -\ос, цыд фыййау, æххæст кодта нæлгоймаджы æмбæрц фермае- йы зындæр æмæ уæззаудæр куыстытæ. Уый нæ, фæлæ ма Папело, хæсты зындæр рæстæджы, нæ Фыдыбæстæ тæссаг уавæры куы уыдис, уæд йæхæдæг йæхи фæрæзтæй танкæйон коллонæ саразыны тыххæй паддзахадмæ радта 21 мин сомы (уæды æхцайæ). Æмæ цал фæлысты цъын- датæ, хъарм хæдæттæ, нымæттæ, басылыхъхъытæ æмæ æндæр ахæм дзаумæйы æрвыста фронтмæ йæ хъæбулты æмбæлттæн. Гъе, кæнæ цал æмæ цал килограммы цыхт, царв, картоф æмæ æндæр ахæм лæвæрттæ бакодта Сырх Æфсадæн. Ие ’фсинæй фæстæ нæ фæлæууыд йæ чындз Оленкъа. Хæ- сты уæззау бонты хъæбатыр ныййарæг баивта йæ лæг Пор- фил æмæ йæ фырттæ Виктор æмæ Димитры, афтæмæй, фондз -æнахъом сабийы бæриы уæвгæйæ, æхсæвæй, бонæй фæллой кодта колхозы фермæйы. Уыцы хъæбатыр сылгоймæгтæ кад- джытæ æмæ зарджыты аккаг сты. Оленкъа бонæй карста’Ручъы æфцджытыл хос, райсом æмæ 445
изæрæй дыгъта колхозы хъуццыты, æхсæв та уыд фермæйы стурты хъахъхъæнæг. Оленкъайы йæ хъæубæстæ æртæ хатты сывзæрстой хъæусо- ветмæ депутатæй, иу хатт та фæллойгæнджыты депутаттьг Дзауы районы Советмæ. Советои сæрдарад æй цалдæр хатты хорзæхджын дæр скодта йæ æнувыд æмæ иузæрднон куысты тыххæй. Стыр уыд хæсты рæстæджы ирон сылгоймæгты æгъуыста- джы фæразондзинад. Быхстой, урæдтой зындзинæдтæ, сæ лæг- ты, се ’фсымæртæ æмæ сæ хъæбулты фæстæ фæсчъьглдымы, æндон сисау, слæууыдысты æмæ фронты хæцæг æфсадæи фестадысты, зæрдæйы тугдадзинау, цард æмæ тыхдæт- джытæ. Хæсты фыццаг мæйты маст æмæ зæрдæхалæн уацтæй фæс- тæмæ ницы хъуыстис Мухтары бинонтæм. Хатт-иу æртæ- тигъои фыстæджытæ хæ|сты сæрты æрбатахтысты Ручъы хъæу- мæ. Уыцы фыстæджытæн сæ фылдæр Порфил фыста. Йæ фы- ды амарды фæстæ хæдзары хицау, хæдзары мæт æгасæ)й дæр уый уæхсчытыл æрыицад æмæ æхсайдта йæ зæрдæ йæ бинон- тæм, йе ’фсымæртæ æмæ йæ фыртта^м. 1942 азы фæззæджы йæ. иу фыстæджы афтæ фыста: «Дзиц- ца, ныртæккæ дæн Цæгат Кавказы, Мæздæджы районы. Тох- тæ уæззау сты. Æвæджиау тохы нæ ротæ басгуыхтис, мæп дæр бавдыстой ордеи райсынмæ. Мæ зæрдæ дзуры сымахимæ, зын уын у, фæлæ ныббыхсын хъæуы. Кæд фыдгул знаг рæх- джы йæ мæлæт ссарид. Мæ зæрдæ æхсайы ме ’фсымæртæ æмæ мæ лæппутæм, æцæг Димитр æмæ Митушæй арæх райсын фыстæджытæ. Хорз æ{нтыстытæ сын ис». Иæ иннæ фыстæджы та фыста: «Райстам бардзырд. Бирæ бонты, бирæ æхсæвты кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы бар- дзырд. Ныртæккæ у æхсæвы 12 сахат. Райсом бырсæм размæ. Тох карз уыдзæн. Мах ка$ фæуæлахиз уыдзыстæм, уый мæ фидарæн уырны... Мæ зæрдæ æхсайы сымахмæ, ме ’фсымæр- тæ, мæ лæппутæм. Кæд мыййаг исты хабар, уæд-иу мæм хъусып кæнут... Уæлахизæй уæм æрыздæхдзыстæм. Нæ тох райсом цæуыл фæуыдзæн, уый уын фехъусын кæндзынæн». Фæлæ нал федта уыцы уæлахизы бон Порфил. Иал ныф- фыста, уыцы боиы тох куыд æмæ цæуыл фæцис. Æртæтигъон салдаты фыстæджы бæсты йæ бинонтæм æрцыди фыдохы уац- хæссæг тел. Полчы командир хъусын кодта Папело æмæ Оленкъайæн, Порфил хъæбатырæй мард кæй фæци, уый. Нал базыдта Порфил йæ дыууæ æфсымæры æвирхъау хабар дæр. Цы бон фæмард, уымæ(й чысыл фæстæдæр кæй’ æрыхъуысти уыдон æнамонд хабар дæр. Цард æмæ сæрибар- д^инады сæрыл уыдон дæр æвирхъау тохы мард кæй фестьг æмæ цы аофсæддон хæйтты уыдысты, уырдыгæй кæй хъусып кодтой се ’гъуыстаджы тохы хабæрттæ. 446
Лæууы Ручъы бæрæг астæу скъолайы агъуыст. Уыцы скъолайы къæсæрæй бахызтысты рухсдзииады дунейæ зонд. рахæссыпмаа Порфилы дыууæ æфсымæры Владимир æмæ Ми- к туш, стæй ацыдысты дарддæр. Райстой уæлдæр ахуырдзинад æмæ фæстæмæ æрыздæхтысты сæхи хъæуы скъоламæ. Ныр та сæхæдæг хъомыл кодтой сæ хъæуы кæстæрты. Æвзонг лæп- иутæ уыдысты. Тæлтæг æмæ рæсугъд уыдысты сæ бæллицта\ /Емæ) сæр куы бахъуыд, уæд ахуыргæнæджы чингуытæ æмæ фыссæнтæ баивтой топп æмæ джебогъæй æмæ сæ иубæстон адæм, сæ чысыл хъомылгæнинæгты рухс фидæ’ны сæрыл сæхи æрхастой нывондæн. Хæсты арты басыгъдысты Порфнлæп йæ дыууæ, фы/рты. Бнктор æмæ Димитр дæр. Кæддæр, 1920 азы Мухтар йæ хъæбулæи йæ тугæй цы сæри- бардзинад балхæдта, уыцы сæрибардзипад намысджынæй оахызтой йæ кæстæртæ æхсар æмæ лæгдзинады хъазуаты. Фæци Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Фæци... Æрхаста салдат йæ фыды уæзæгмæ фарн æмæ уа^лахиз. Æрхаста... Æрыздæхтысты топпы хосæй арыд æрмттæ æмæ уæззау хъл\цгæмттимæ æгъуыстаджы салдæттæ. ’ Æрыздæхтысты... Фæлæ нал æрыздæхтысты Плить) Мухтары фондз кæстæ- ры... Нал æрыздæхтысты... Æрмæст ма салдаты æртæтигъон фыстæджытæ æмæ сау гæххæттытæ гæзæмæты фехъусын • кодтой сæ ныййарджытæ Папело æмæ Олинкъайæи сæ ахсджиæгты тохы хабæрттæ æмæ ууыл.ахицæн сты... Ахицæн сты? > О, пæ. Нырма дæр æихъæлмæ кæсы Оленкъа йæ сæрыхицау Порфил, йæ зæрдæйы уидæгтæ Виктор æмæ Димитрмæ æмæ’ пæ тиутæ Владимир æмæ Митушмæ. Схъомыл сты Порфилы сабитæ. Фесты астæуккаг скъолатæ, йæ чызджытæ чындзы ацыдысты. йæ лæппу Хъазбег каст фæ- ци Цæгат Ирыстоны хæххон металлургион техникум æмæ ныр- тæккæ кусы Таджикты ССР æрзæткахæны. Иæ дыккаг лæппу Степан та кусы шоферæй. ««Цæрдзынæн», — загъта 1920 азы Плиты Мухтар, æлда- рад æмæ мæгуырдзинады ныхмæ нæ къухмæ хæцæнгарз куы райста, уæд. «Цæрдзыстæм», — загътой Мухтары кæстæртæ, Фыдыбæ- стæйон хæстмæ цæугæйа*. • Æмæ абоп цæргæйæ баззадысты не ’хсæн. х^
Плиты Ияья ДÆЛБУЛКЪОН 1литы Никъалайы фырт Георги райгуырдис 1916 азы Цхинвалы районы Чирцъинайы хъæуы. 1933 азы 7 азон- скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Дзауы зо- отехникуммæ æмæ йæ каст фæцис 1937 азы. Æртæ мæйы бæрц зоотехникæй бакуыста Кировы хъæусоветы, стæй йæм æрсидты- сты Сырх Æфсадмæ. 1939 азы каст фæцис Тбилисы æфсæд- дон-политикон ахуыргæнæндон, (сси политкъухдариуæггæнæг. Уый фæстæ йæ арвыстой Ныгуылæн Украинæ ссæрибар кæны- иы стæрмæ. Уыцы цаутæ куы фесты, уæд æрвыст æрцыдысты Шепетовкæйы горæтмæ æмæ службæ кодта зенитон батарейы политкъухдариуæггæнæгæй. 1941 азы июны æмбисты улæфты æрцыд йæ райгуырæн Иры- стонмæ, цалдæр боны йедтæмæ дзы нæ фæцис, афтæ Стыр Фы- дыбæстæйон хæст райдыдта, æмæ уыцы бон фæстæмæ атын- дзыдта йе ’фсæддон хаймæ. Æз Георгийæ ракуырдтон (Жора дæр æй хонынц), цæмæн радзура йæ хæстон фæндаджы тыххæй. — Хæсты фыццаг бон ардыгæй комкоммæ не ’фсæддон хай- мæ ныццыдтæн, фæлæ сæ уым нæ ныййæфтои, Житомирæй Бердичевы ’хсæн уыдысты. - Бæстæ уыдис тасы мидæг, не 448
фсæдтæ фæстæмæ цыдысты, Бердичевы горæт æмæ иннæ хъæутæ пиллон калдтой, сыгъдысты. Немыцаг хæдтæхджытæ æппынæдзух бомбæтæ калдтой æмæ æхстой пулеметтæй. Нæ зенитон батарея хæсты фыццаг боиты æрыппæрста аортæ немыцаг хæдтæхæджы. Хæсты райдианы немыцаг хæдтæх- джытæ ныллæджыты тахтысты, æмæ сæ махуæттæ куы цæф кодтой, уæд бæрзæндты тæхын райдыдтой. 1941 азы 10 июлы Киевмæ æввахс сармадзанты æмыхстæй æрыппæрстон немыцаг хæдтæхæг «Ю-87». Дыккаг бон бардзырд райстам Черниговы горæтмæ ацæуыны тыххæй, цæмæй уым, цæугæдонПрипятыл цы хид ис, ууыл бомбæтæ калын ма бауадзæм. Дыууæ къуырийы бæрц нæ фадыджы уыдис сабыр. Фæлæ лу бон куы уыд, уæд знаджы авиацй активон æгъдауæй рай- дыдта ныхмæ цæуын. 5-æм августæй 16 августмæ знаджы хæдтæхджытæ 10 хатты æрбатахтысты, цы бынат хъахъхъæд- там, уырдæм, фæлæ уæддæр немыцæгтæн- хидыл бомбæтæ калын нæ’бантысти. 1941 азы 22 августы знаг иугуыр уæлдæфон бабырст куы сарæзта ’нæ ныхмæ, уæд нæ батарей æрæппæрста хæдтæхæг <'Хэйнкел-111». Нæ салдæттæ куы федтой хæдтæхæджы пыр- хæнтæ æмæ нывзалыгонд экипажы (фондз лæджы уыдысты), уæд сæ «куыстæй» ныббуц сты, сæ хæцæнгарзы тых базыдтой æмæ ныфсджындæрæй райдыдтой хæ’цын знаджы ныхмæ. Уы- цы бон знаг’ноджыдæр ра’рвыста 12 хæдтæхæджы нæ батарейы ныхмæ. Бомбæтæ калдтой æмæ æхстой пулеметтæй. Рыг æмæ фæздæгæй ницыуал зындис. Бомбæты фехæлды хъæрæй æмæ сармадзанты богътæй хъустæ къуырма кодтой. Нæ батарей уæззау уавæры бахаудта, фæлæ хæстонтæй иу дæр йæ бына- тæй нæ фезмæлыдис, арæхстджыиæй архайдтой, ныхæй-ных- мæ æхстой знаджы хæдтæхджыты .. æмæ-иу сьтн сæ бомбæтæ нысанæй раздæр æркалын кодтой, гъе, æмæ ’уый адыл батарей мæлæты дзæмбыйæ аирвæзтй, æрмæст нæ иу салдат уæлæнгай фæцæф, иннæ та сыджыты бын фæци. Скъахтам æй æмæ йæ госпиталмæ арвыстам, сдзæбæх, фæлæ нæ батареймæ нал æрбафтыд. Немыцæгтæ стыр тыхтæй размæ бырстой æмæ нын коман- дæкæнынадæй бардзырд уыдис, цæмæй фæстæмæ алæууæм Черниговы горæты ’рдæм. Цæугæдон Припяты рахизфарсмæ куы ’рахызтыстæм, уæд хид нæхæдæг фехæлдтам. Не ’фсæддон хай æрвыст æрцыд Донбасмæ. Хъахъхъæдтам электростанцæ, • æфсæнвæндагои æлхынцъытæ, хайад р’айстам Ростовы горæт бахъахъхъæныны тохты. Уыцы ран нæ бата- рей ноджыдæр’ ^æрæппæрста йу ^сæдтæхæг. 1941 азы декабрæй 1942-' азы маймæ карз тохтæ кодтам Хуссар фронты, 20-æм майы" та æрæппæрстам иу хæдтæхæг, 29* 449
æмæ уымæ гæсгæ хæстонты зæрдæйыуаг фæхуыздæри. Уымаей дарддæр ма нæ позицитæ дæр ,фидар цыдысты. 1942 азы немыцæгтæ ногæй.размæ рабырстой æмæ уæд на& батарейы Ростовæп цæгатæрдыгæй Доны сæрты тынг зын уа: ьæры ахизын бахъуыдис, æртæ хæстоны нæ мард фесты. Уыцы бон бардзырд райстам, цæмæй Трознæйы горæты уæлдæфон æрбабырстытæй бахъахъхъæнæм. 1942 азы 10 октябры уыд егъау уæлдæфон æрбабырсг Грознæмæ, хайад дзы истой 75 немыцаг хæдтæхæджы. Æцæг у, .махуæттæ дзы æрæппæрстоп ,15 хæдтæхæджы зенитон хæйттæ- æмæ куынæггæнæг авиацийы æххуысæй, фæлæ уæддæр нефтьг промыслæтæ ссыгъдысты æмæ.дыууæ суткæйы дæргъы арт йа> пиллон калынæй нæ баицадис. ; Мæнæн уæд бомбæйы схъисæй мæ къах рог цæф фæцис,. фæлæ госпиталмæ цæуыныл не сразы дæн, хъæдгом дыууæ- къуыримæ байгаси. 1943 азы райдиаиы не ’фсæдтæ размæ бырсын райдыдтой. Иæ батарейæн хæсгонд уыд, цæмæй , размæбырсæг æфсæдты хъахъхъæдтанд уæлдæфæй. Марты не ’фсæддон хай урæд æр- цыд горæт Тихорецкы æфсæнвæндаджы æлхынцъ бахъахъхъæ- пыны тыххæй. Уым баззадыстæм, июлы мæймæ. Гъе, стæй мæ уырдыгæй рарвыстой командирты къурсытæм Кировабадмæ. Афæдзы бæрц уым ахуыр кодтон, стæй мæ арвыстой 1-аг бе- лоруссаг фронтмæ æмæ мæ снысан кодтой 8 гвардион армийы артиллерион батарейтæй сæ иуьь командирæй. 1945 азы 14 январæй нæ батарей хайад иста, цæугæдои Вислæйæ райдайгæйæ, стыр размæбырсты. Уьшы размæбырсты нæ батарей скуынæг кодта ныхмæлæууæджы зынгон тæппы- тæ. Ныхмæлæууæг тохы быдыры ныууагъта 20 салдатæй фыл’- дæр мæрдтæ. Размæбырст æнтысгæйæ æмæ арæхстджыиæй кæй ацыд.. уый "тыххæй мæ схорзæхджын кодтой Фыдыбæстæйон Хæсты 11 къæпхæны, орденæй. Размæбырсты рæстæджы немыцæгтæ сæхи æрфидар код- той Познаны. Горæты алфæмблай гитлеронтæ кодтой хъахъ- хъæдадон тохтæ. Нæ командæкæнынады æфсæдты иу хай, уыцы нымæцы нæ батарейы дæр, ныууагъта уым, Познаны немыцаг къорды скуынæг кæныны тыххæй ’ (иннæ • æфсæддон хæйттæ æмæ баиугæндтæ дарддæр размæбырсты ацыдысты Одеры ,/рдæм). \? Цалдæр боны дæргъы не ’фсæдтæн сæ бон нæ баци немы- дæгты хъахъхъæдад атонын, . :Цæмæй ’ныхмæлæууæджы зын- гон тæппытæ ссардтаиккам, уый.тыххæй горæты кæрон кодтам дзуарæвæрд æхст автоматтæ демæ пулеметтæй. Æз алыгътæн фмæ фæндаджы былыл амбæхстæн кюветы, мæ ординарец дæр мæ гæсгæ не ’фсæддон хай ацыдис Тюрингимæ, америкæйæгти- хуысгæ ауыдтон. Куы алыгъдыстæм, уæд знаджы дыууæ нæмы- 450
пжы та цинелы фæччиты ахызтысты. Æмбал Клименкойæк (ординарецæн) нæмыг сæмбæлд йæ къæмисæны цур æмæ уай- тапьд фæмардис, дзурыны бон дæр æй нал фæцис. Дыккаг бон — 1945 азы 29 январы Познаны горæты хъахъхъæдад не ’фсæдтæ атыдтой. Нæ батарей уыцы тохты куынæг кодта зынгон тæппытæ. Байстам æртæ немыцаг лыс- тæкалиброи зенитон сармадзаны æмæ дзы æнæхъæн бон немы- цæгтæн сæхи æхстам. Познаны горæт ссæрибар кæпыны сæрыл тохты пæ бата- рей скуынæг кодта знаджы 30 зыигон тæппæй фылдæр. Байс- там 3 сармадзаны,. иу пулемет æмæ æидæр хæстон æрмæджы- тæ. Скуынæг кодтам знаджы бирæ салдæттæ æмæ афицерты. Познаиы цур карз тохты мæ батарей сгуыхтдзпнæдтæ кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджыи æрцыдтæн Сырх Тырыса- п ы орденæй. Познапы. тохты фæстæ баиу стæм пе ’фсæдтимæ Одеры цур. Махуæттæ бацахстой иыхмæлæууæджы плацдарм. Уыцы тохты мæ къах ногæй фæцæфи бомбæйы схъисæй æмæ мæ ар- иыстой госпиталмæ. Баззадтæн дзы дыууав мæйы. Операци мын скодтой мæ къахæн, бомбæйы схъис систой æмæ куы сдзæбæх дæн, уæд фæстæмæ ме ’фсæддон хаймæ раздæхтæн. Карз тохтæ цыдис Берлины уынгты. Иемыцæгтæ сæхи лæ- вæрдтой мингæйттæй уацары. Берлии ист куы ’рцыдис, уæд командæкæиынады бардзырд- мæ гæсгæ не ’фсæддон хай ацыдис Тюрингмæ, америкæйæгти- мæ цы арæныл лæууыдыстæм, уырдæм. Хæсты фæстæ ма ба- службæ кодтон дыууæ азы. 1959 азы демобилизацигонд æрцыдтæн дæлбулкъоны чини- мæ. Хæсты фæстæ хорзæхджын æрцыдтæн Сырх Стъалыйы ор- денæй. Уæлдæр ранымайгæ ордентæй дарддæр ма хорзæхджын æрцыдтæн фондз майданæй. Ахæмтæ сты цыбыртæй Плиты Георгийы цард æмæ тохы фæидаджы хæстон эпизодтæ. Плиты Георги 1960 азæй фæстæмæ цæры æмæ кусы Тихо- рецкы горæты. Куыста коопторджы, стæй та рестораны дирек- торæй. Ныр та кусы райфæлхасцæдисы автобазæйы хистæрæй. Георгийæн йе -’мкъай Раисæ уырыссаг у, кусы ахуыргæнæ- гæй, ис сын дыууæ лæппуйы, хистæр — Валентин — ахуыр кæ- пы Ленинграды политехникон институты цыппæрæм курсы, кæстæр лæппу — Юрæ та — Краснодары музыкалон ахуыр- гæнæндоны. ’а
Пухаты Илья ХÆСТЫ БЫДЫРЫ учъы ком. Бирæ разагъта фæсивæд рацыд ацы ко- мæй, Иры дзыллæйæн кад æмæ намыс чи скодта, йе ’хсар æмæ йæ лæгдзинад æрдхæрæн кæмæн фæци, ахæм фæсивæд. Уыдонæй сæ иу Плиты Алыксандры фырт Петя. Петя райгуырдис Стыр Октябры социалистон революциимæ, ома 1917 азы. Тохы артдзæсты райгуырд, тохы артдзæсты бахсыст. Йæ сабийы бонты хъуыста йæ мады алолайы зарджыты бæсты топпы гæрæхтæм, 1920 азы Ручъы комыл Цæгатмæ лидзæг лпгъдæтты мароймæ. Фæуæлахиз Октябыры ’революци, æрсабыр бæстæ. 1936 азы Петя,каст фæци Ручъы астæуккаг скъолайы авд къласы æмæ ахуырмæ -бацыд Сталиниры педагогон техникуммæ. 1941 азы немыцаг фашисттæ нæ Райгуырæн бæстæмæ кун ’рбабырстой, уæд Петя дæр ацыд Фыдыбæстæйы сæрыл лæг- дзинады хъазуатмæ. Каст фæци Бакойы афицерты скъола æмæ йæ уырдыгæй комкоммæ арвыстой Хъырыммæ. 1941 азы кæрон æмæ 1942 азы райдианы Хъырымы зæххыл цыди стыр тугкалæн тохтæ. Уæд Петя уыд 236 æхсæг дивизийы 496 хицæн моторазвæдсгарæг ротæйы взводы командир. 452
Дивизийы командæкæнынад Петяйьг взводæн радта бæр^ оН хæс, æвæстиатæй хъуыд «æвзаг» ссарын. Уыцы ахсджиаг хæс Петяйы взвод иттæг хорз сæххæсг кодта, йæ взводыл æппындæр ницы зиан æруадзгæйæ, уацары р^акодта знаджы штабы кусджытæй дыууæйы. Уацайрæгтæ махуæттæн радтой хорз зонæнтæ немыцаг æфсæдты уавæры тыххæй. Йе взвод Хъырымы хæстыты хъæбатырдзинад кæй рав- дыста, уый тыххæй Петя хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Немыцаг-фашистон æфсæдтæ Кавказы æфцджытыл рахизын- мæ сæхи куы цæттæ кодтой, уæд Фæскавказы фронты командæ- кæнынад фыдызнагæн аккаг ныхкъуырд радтынмæ йæхи цæг» тæ кодта æхсæвæй-бонæй. Арæзтойсæрмагонд æвзæрст къордтæ. Уыдонæй сæ иу уыдис 12 хæххон æхсæг къорд. 12 хæххон æхсæг къорд куы цæттæ кодтой, уыцы рæстæджЫ’ Плиты Петя уыд Цæгат Кавказы фронтьг æмæ йæ’ уырдыгæй рарвыстой 12 хæххон æхсæг къордмæ. Йе ’рцыдмæ уыцы æхсæг къорд арæзт, æрцыд, сфæлындзыдтой йæ, хæххон зын уавæрты тох кæнынæн цыдæриддæр хъуыд, ахæм хæстон хотыхтæ, уæлæ- дарæс, хæлцадон продукттæ æмæ æндæр ахæмтæй. Къорды командир уыдис майор Диденко, йæ хæдивджытæ та Плиты Петя æмæ Васильев. 1942 азы сентябры къорд æрвыст -æрцыд Марухы æфцæг- мæ. Зын æмæ уæззау уавæрты цыдысты æфцæгмæ сирвæзæн фæндæгтыл, фæлæ зындзинæдтæаиуварс кодтой æмæ схæццæ сты нысангонд бынатмæ, уым сæхи æрфидар кодтой. Карз æмæ æгъатыр уыдзнаг. Цыфæнды стыр зиæнтты ар- гъæй дæр йæхи тыдта Фæскавказмæ. Æфцæгыл ног тыхтæ кæй фæзынд, уый уайтагъддæр бафиппапдтой знæгтæ æмæ сæ сармадзантæй æхсын райдыдтой. Фæлæ знагæн йæ фæндæй йæ къухы ницы бафтыд. Мах хæстонтæ уайтагъддæр сæ бынат аивтой. Уæззау тохтæ райтынг сты Марухы æфцæгыл. 808 полчы хæстонтæ аккаг ныхкъуырд радтой знæгтæи. Полчы коман- дир ыи йæ бæрны бакодта 24 салдаты, цæмæй знаджы йæ бынатæй фæстæмæ аппæрстаиккой. Тар æхсæвы Петя йæ бæр- ны уæвæг хæстонТимæ бахъуызыд знаджы позицимæ æмæ рай- сом куыддæр æрбарухс, афтæ сыл йæхи ныццавта. Уыцы тохы 808 полчы минаметон ротæйы æхсты æххуысæй махуæттæ сæ< бынæттæй астын кодтой знæгты æмæ бацахстой фидар. Уьгй фæстæ бон 155 Хæххон æхсæг бригадæйы хæстонтæ сæхи ныццавтой ’знаджы рахиз фланджы бæрзонддæр æфцæг- ыл. Немыцаг инæлар Ланцы егертæ ныхмæ лæууыдысты, нæ куымдтой сæ бынæттæй аггуырсын. цыфæнды стыр зиæнтты аргъæй дæр сæ нæ фæндыд сæ позицитæ ныууадзын, фæлæ со- ветон хъæбатыр хæстоиты æхсарджын цæфтæй лидзинаг фе~' 453>
стьт. Знаджы къухты ма’ баззад æфцæгæн æрмæстдæр йæ иу хай. .; ) • / ". . ■ ,' г Уыцы уæлахиздзинæдты руаджы нæ хæстонтæи сæ уавæр бæрæг ф.æхуыздæр. Ныр фадат фæци советон • хæдтæхджытæн Марухы ком.ы æрбадынæн æмæ ^уырдыгæй фронтмæ хæстон æрмæг æмæ хæлцадон продукттæ ласынæн, ■ , Кæд æфцæджы фылдæр хай нæ хæстонты къухы бафтыд,' уæддæр хæххон æрдзы уавæртæ иттæг зын кодтой махуæтты уавæр. Хатт-иу не ’фсæддонтæй бирæтæ аирвæзтысты сæ быны ныттонæг цъитийы фæзгъæрты, гъе та— иулæгъз цъитийыл фæ-' бырыдыстьг æмæ-иу асхъиудтой коммæ. Иууыл тæссагдæр та уыд уæззау артилерион хæцæнгæрзт’ы иу.ранæй иннæ ранмæ ласыны хъуыддаг. , • • ; » . • , , Фæлæ уыцы æвирхъау æрдзы зын уавæрты нæ хæстонтæ ныббырстой æмæ знагæн нал радтой æфцæгыл рахизыны фадат: Уый нæ, фæлæ ма сын фæкодтой ахъаззаг цæфтæ-æмæ уый руа- джы йæ тых асаст фыдгул знагæн. •/•; • Не’’фсæдтæй. Марухы.æфцæгыл чи хæцыд, уыдонæй арæзт æрцыд æртæ:къорды. Фыццаг.къорды уыд 12-æм хæххон æхсæг къорд. Уымæн бахæс æрцыд, цæмæй знаджы ныхмæ бацыдаид æфцæдж.ы ахизæны рахиз фланджы æрдыгæй. Йæ хæс уыд, цæмæй скуынæг кодтаид«знаджы артиллерийы позицитæ. Пли- ты Петяйы къордмæ баконд æрцыдысты æйттмардзæ хъæба- тыр хæстонтæ, æдæппæтæй 50 . адæймаджы, фæлæ, размæ- ■йырст цы, бон снысанчындæуыд, уый хæдразмæ хæхтыл ныу- уарйдп залты ,мит, сдымдта ,»æмæ æфцджытæ миты урс-урсид хъæццулты, бын фесæфтысты. Уæд дымгæ афтæ тынг уыдис æмæ размæ, акъахдзæф нæ .лæвæрдта. Афтæмæй тых æмæ амæлттæй Хстстонтæ’ æрæвнæлдтой сæ хæстон хæс - æххæст кæнынмæ. . ■ • ’ ’ . ’ ’ ! ’ ’ Астæумæ миты лæгæрдгæ цы хæстонтæ баирвæзтысты зна- джы раззагчлознцитæм, уым разынд сæ блиндаж. Блиндажы цы пемыцæгтæ уыд, уыдоны скуыиæг кодтой. Иуæй хъызт, ан- нæмæй та тас уыд, знаг сæ’куы- бафиппайдтаид, уымæй æмæ уал рæстæгмæ’ æрбынат кодтой уыцы блиндажы. Немыцаг фашисттæ дæрæн’ æрцыдысты Кавказы хохрæ-, быпты æмæ сæ советон æфсæдтæ дæрæнгæнгæ сурын райдыд- т-ой Ныгуылæны ’рдæм. Плиты Петя каст фæцис Тбилисы æфсæддон скъола æмæ æрвыст æрцыд 3-аг Украинаг. фронтмæ. Нысан æрцыд 36 гвар- дион дивизины 107 æхсæг полчы батальоны командирæй. Уый уыд 1944 азы. 107 æхсæг полк бырста размæ. Немы- цаг фашистон сырдтæ сæхп æрфидар кодтой Чалойы (Венгри; станцæйы. . ■ < у • ; I’^, Петян’ы батальонæн хæс уыд, цæмæй æппæты фыццаг ба- бырстанд Чалойы станцмæ. Немыцæгтæ махуæтты ныхмæ кон- тратакæпы рарвыстой 15 танкæйы. 454
Петяйы батальон йæ хæс сæххæст кодта. Гитлеронты кон- тратакæ æппæрст æрцыднс æмæ Чаломæ æппæты фыццаг ба- бырста йæ батальонимæ. Иæ батальон æгæр размæ кæп ацыд, уый тыххæй йын иу- дзинад нал уыд полчимæ. Фæлæ уæддæр батальоны хæстонтæ хъæбатырæй тох кодтой знаджы ныхмæ. Батальон станцмæ куы ныббырста, уæд йæ хæдфæстæ 107 азхсæг полк дæр бацыди Чаломæ. Плийы фырты батальон гитлеронтæй байста 9 пулеметы æмæ уацары ракодта 40 немыцаг æмæ венгриаг салдат æмæ афицеры. Уыцы карз тохты Петя уæззау цæф фæци, фæлæ госпиталы оирæ нæ фæци. Фæстæмæ та æрбаздæхт йæ батальонмæ. Тохты Петя йæхи хъаруджынæй кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыдис Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæны орденæй. 1944 азы 20 декабры 107 æхсæг полк абырста горæт Пашкæ (Венгри) ссæрибар кæнынмæ. Фашисттæ æппæт æгъдауæй дæр тычг иыхмæ лæууыдысты, <|)æлæ сын Петяны батальон штурмæй систа сæ позицитæ. Уыцы тохты рæстæджы Петя ногæй фæцæфи знаджы иæ^ мыгæй, фæлæ иæ акуымдта госпиталмæ. Хъæбатыр командир райста æртыккаг хорзæх — Александр Невскийы орден. 1945 азы 26 марты Венгрийы цæугæдон Рабайы фаллаг фарс Петяйы батальои бацахста плацдарм. Немыцæгтæ! махуæтты ]1ыхмæ рарвыстой бирæ танкæтæ. ’ Фæлæ Петяйы батальон фæстæмæ иу метр дæр иæ алæууыд. Уыцы бон æртындæс хатты фæстæмæ аппæрстой гитлеронты контратакæтæ. Батальон ссæрибар кодта горæт Чорпæйы, скуы- нæг кодта пемыцæгтæй 100 салдат æмæ афицеры, уацары ракод- та 256 салдат æмæ афицеры. Уый фæстæ хæстыты дæр Плиты Петяйы батальон райста активон хайад, горæттæ Шопрои (Венгри)! Эбенфурт (Австри) æмæ æндæрты штурмæй кæй систа, уый тыххæй йып лæвæрд æрцыд цыппæрæм хорзæх — Сырх Тырысайы орден. Иыр Петяйы риуæй æрттивынц цыппар хæстоп ордены æмæ авд майданы. ССР Цæдисы Гарзджын Тыхты Сæйраг Хпс- тæр командæкæнынадæй райста иуæндæс арфæйы гæххæтты. Плиты Петя 1945 азы июлы хайад истя Мæскуыпы Уæла- хизы парады. Хæст куы фæцис, уæд Петя "æрыздæхтис пæ райгуырæн’ Т1рыстонмæ. •' ’ : Ныртæккæ кусы Цхинвалы горæххæсткомы цæрджыты Уп- равленийы хистæрæй, 5 (&
Цзугаты Георгп БÆРЗОНД ХÆХТÆ — ЦÆРГÆСХÆТÆК авказы хохрæхысы хъуыррæбын баныхæст Ручъьг даргъæлвас хъугом. Йæ галиу фæрсты, • дыгъал-дыгъулгæнгаз, згъоры стыр Леуахийы райдйан къабæзтæй .сæ иу, сау суадæт- тæй гуырд, цæссыгау рæсуг Ручъы’ тæлтæг’ дон. Ацы æдзæг, цæндарæх æмæ тыртыджын хъугомы ис æх- сæз къаннæг хъæуы, — суаиг мидæггаг Рукъæй райдай æмæ Дзуарыбыны хъæумæ. Уыцы хъæуты цæры цалдæр мыггаджы: Томайтæ, Къозонтæ, Дзерантæ æмæ се ’ппæтæй фылдæр та — Плиты стыр мыггаг. Куыд’ зæгъынц, афтæмæй ардыгæй фæлыгъдыстьг, Плитæй ма Цæгат Иры æмæ Гуырдзыстоны рай- онты чи цæры, уыдон дæр. Ручъы тъæпæнæй фыдæлтæй фæстæмæ Иры кады арвма> стахт бирæ зынгзæрдæ цæрпæстæ. Легендарон Томайты Мæ- хæмæты хъæбатыр ном абоны онг дæр, йæ фæринк æхсаргар- дау, историйы арфæй тæмæнтæ калы Ручъььбæрзонд æфцæ- джы «Мæхæмæтьг хæцæнæй». Дзтæ йыл • кæрæдзийы фæстаз лжгæрдынц. Уый сæ йæ сарат комæй дзæнгæл кæны. Нæ дæр- ыл .згæ хæцы, нæ дæр къуымых кæны. Бирæ хорз лæгтæ, бирæ хорз фæсивæд уыдис æмæ ис куыстьг æмæ тохы Къозонтæ æмæ: Дзерантæм дæр. 456
Уæдæ Стыр Фыдыбæстаэйон хæсты фæдис куы ныннæрыд ^ пе стыр Райгуырæн бæстæйы, уæд уырдæм Ручъы Плитæй цæйбæрц цæхæрцæст. фæсивæд ныггуылф кодта! Тохы быдырæй сæ кады кой, уалдзыгон хуры тынтау, æхсызгонæй æмбæлд сæ уарзон уæзæгыл. Бирæтæн дзы се ’взонг зынг ныххуыссыд хæсты цæхæры. Сæ туджы ’ртахæй бахызтой нæ сæрибар цард. Рукъгомы ахæм хæдзæрттæ ис, æмæ сæ хæстонтæ æрты- гæйттæй, цыппæргæйттæй нал æрыздæхтысты. Фæлæ дзы чи ’рыздæхт, уыдон та сæ риутыл ’рхастой бирæ хорзæхтæ æмæ сæ фылдæры уæхсчытыл та — офицеры пагæттæ. Ам мæн цыбыртæи радзурын фæнды уыцы хъæбатыртæй Сæ пу, авиацийы майор Плиты Биасы фырт Муссæйы цард: æмæ тохвæндагыл. Муссæ астæуккаг рукъаг у, фыды номæй сæ Сырхауты хъæу хоиынц. Иæ сабион бонтæ арвыста сæхи уæзæгыл.' 1920 азы тугдзых меньшевиктæ Ирыстонмæ куьт ’рбабырстой, уæд чысыл Муссæ дæр сæ бинонтимæ ахызт фæсхохмæ. Бавзæрста уазал, стонг, æнахъом лæппуйы бирæ тухитæ. 1921 азы, Гуырдзыстоны Советон хицауад фæуæлахизы фæстæ, нæ адæм æрыздæхтысты сæ Райгуырæн уæзæгмæ. Мус- сæйы ныййарджытæ дæр, се ’ннæ хъæубæстау, сæ цъыбыртты сыгъд хъæдзары бынаты ног бæстыхай аразынмæ æрывнæлд-- той. Чысыл Муссæ дæр куы уыдонæн æххуыс кодта, куы та сæ фосы хызта цъæхгауыз фæтæнты. Муссæ бирæ уарзта хæххон æрдзы. Сæрвæты уæвгæйæ-иу. цæргæс йæ сæрты куы ’рбаленк кодта, уæд-иу дзы йæ цæст пал иста, цæргæсы стыр базырты аууоны фæдыл-иу згъордта цъæх’.нæууыл. Хæлæг æм кодта. Æхсæв-иу йæ фыны йæхæдæг дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ атахт сæ хъугомы, науæд та сæ бакомкоммæ наз хъæды сæрты! Фæстæдæр, 1924 азы Ручъы скъоламæ куы бацыд, уæд кæцыдæр чиныджы федта хæдтæ- лæджы ныв. Цас фæархайдта, цæмæй йæ тетрады уый хуызæн сарæзтаид, цалынмæ йын сырæзт, уæдмæ. ...Муссæ райдиан скъола каст куы фæцис, уæд ын ахуыр- мæ дарддæр ацæуыны фадат кæй нæма уыд, уымæ гæсгæуал кусын райдыдта сæхимæ, хъæусоветы секретарæй. Æрыгон. æвзонг лæппу уайтагъд фæгæрз йæ куысты дæсныйадыл. Рæвдз арæзта не-’мбæстæгты хъуыддæгтæ æмæ йæ уыдон дæр, сæхи хъæбулау, уарзтой. Фæлæ уæддæр йæ зæрдæ æдзух æх- сайдта йæ ахуыр адарддæр кæнынм-æ æмæ бацыд Дзауы эо- отехникуммæ. Дыууæ азы куы ацахуыр кодта, уæд æм 1934 азы æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Æфсады уæвгæйæ, Муссæйы барвыстой Тбилисы Фæскав- казы фистæг æфсады ахуыргæнæндонмæ. Иттæг хорз ныоæнт- тимæ йæ каст фæцис 1937 азы æмæ ацыд Оренбурджы горæ- ты хæдтæхæгскъæрджыты скъоламæ. Уым уый æнæхъæнæй дæр аныгъуылд ахуыры хъуыддаджы. Каст æй фæцис æмаа АбТ
службæ райдыдта Запорожьейы авиациои хайы. Сæххæст сты йæ сабион бонты стыр бæллицтæ, йæ рагфынтæ. Хæххон лæп- пу ссис æндонбазырджын. Цæвиттойнаг уыд йе службæйæ. Уарзтой йæ йæ хистæртæ, йе ’мбæлттæ. Гъе, фæлæ цард иугъуызон кæм вæййы! Ныннæрыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Плийы фырт йæ болатбазыр цæргæс — бомбæтæкалæг хæдтæхæгыл йæ тохы ’мбæлттимæ иумæ тæ- хын райдыдта фыдгулы позицитæм, сæ фæсчъылдыммæ. Калы сыл бомбæтæ, арты хай сæ кæны. Бардзырдтæ æххæст кæнын- мæ æхсæв уа, æви бон — нæ хынцы. Муссæ цыфæнды æвзæр боныгъæды, кæнæ знæгты зенит- кæты æмыхсты цæхæры афтæ арæхстджынæй скъæрдта йæ уæлдæфон нау, ахæм дæсны маневртæ арæзта, æмæ дисы æф- тыдта йе ’мбæлтты дæр æмæ йæ хистæрты дæр. Цыфæнды тæссаг уавæры дæр зыдта бардзырд афоныл сæххæст кæнын æмæ æнæфыдбылызæй фæстæмæ ратæхын. Хъæбатыр, арæхстджын тæхæджы ахæм дæсныйад æмæ курднат уынгæйæ, уый 1942 азы æрвыст æрцыд Æфсæддои Академимæ. Уым ахуыр кодта командон инструкторон хайа- ды. Цалдæр мæйы дзы куы фæци, уæд та йын йæхн раразмæ кодтой, уым чи ахуыр кодта, уыдоиæн инструкторæй. Уый уыд хæсты тæккæ тæмæны. Фроитй фылдæрæй-фылдæр хъуыдис авиацийы кадртæ æмæ Муссæ йе ’ппæт тыхтæ, йе ’ппæт зоны- нæдтæ лæвæрдта, сæ хъуыддаг хорз чи зыдтаид, ахæм тæх- джытæ цæттæ кæнынæн. Уæвгæ, ныртæккæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йа> зæрдæ уыдис фронты, й.æ тохы ’мбæлттæ фашистты кæм дæ- рæн кодтой, уым. Мысыд йæ коммæгæс æндонбазыр цæргæсы. Цал æмæ цал хатты куырдта командæкæнынадæй, фронтмæ мæ ауадзут, зæгъгæ. Фæлæ нæй! Бардзырд бардзырд у! «Ныр- тæккæ уал ам æхсызгондæр хъæуыс», — уыдис-иу ын сæ дзуапп. Уый фæстæ, 1944 азы Плиты Муссæйы, куыд фæлтæрд æмæ хъæбатыр хæдтæхæгскъæрæг, арвыстой, сæрмагонд нысап кæмæн уыд, ахæм авиацийы дивизимæ. Йæ иузæрдыг цардæм- бал, æппæт хæсты азты йе ’мбæлццон Джыгкианæн хъæлдзæ- гæй загъта: — Лидæ, дæ хæрзæггурæггаг мæн! Иогæй та арвы тыгъ- дадмæ стæхдзынæн. Абон бардзырд райстон. — Кæдæм, кæцы фронтмæ, æви та дæ фыццаг полкмæ? — Нæ, æз м.æ хæдтæхæгыл æххæст кæндзынæн сæрмагонд бæрнон хæслæвæрдтæ, — дзуапп радта Муссæ. Уæд та Лндæ дæр цæттæ рамдыдта сæ фæндаггон чумæдантæ. Уæвгæ сыл ахуыр нæу æви цы, ныр цыппæрæм азы дæргъы сæ цæугæ цардыл?! I Æцæгдæр, Муссæйй бахъуыд бирæ бæрнон’ уæлдæфон рей- сь*тæ саразын канд нæ бæстæйы æгæрон арвы тыгъдæдты нæ, фæлæ фæсарæнтæм дæр: Польшæмæ, Венгримæ, Чехословаки- 458
мæ æмæ бирæ æндæр паддзахадтæм. Уый арæх ласта стыр æфсæддон специалистты, кæнæ æххæст кодта æндæр ахсджиаг хæслæвæрдтæ. Муссæ уыд уыцы дивизийы суанг хæсты фæудмæ. Уый фæстæ’ сабырадон царды азты службæ кодта Мæскуыйы. Плийы фырт демобилизацийы рацыд 1954 азы. Йæ хæстон стыр сгуыхтдзинæдты тыххæй йæ риуыл æрхаста дыууæ Сырх тырысайы ордентæ, иу Сырх стъалыйы орден æмæ æхсæз майданы. Йæ фыд Биас æгас нал у, фæлæ йæ уарзон мад Дзеранон буц у йæ базырджын фыртæй. Æмæ канд уымæй нæ, фæлæ æппæт йе ’фондз хъæбулæй: чи йын сæ стыр ахуыргонд у, чи ахуыргæнæг, чи бухгалтер. Ис ын цæуæты цæуæт дæр. Муссæ ныртæккæ исы пенси. Цæры йæ райгуырæн Ирыс- тоны, Цхинвалы горæты. Муссæ æмæ Лидæйæн сæ уæладзыг, райдзаст хæдзар ис Леуахимæ æввахс. Сæ балкъоныл лæугæ- пæ, арæх хъусынтыл фæвæййынц доны рæсуг улæнты сыр-сыр- мæ. Уый сын сæ размæ цыма хæссы сæ райгуырæн хæххон уæзæг Рукъ æмæ Дзомагъæй се ’взонджы бонтæ, сæ рагуарзты адджын зæрдæхцон иыхæстæ æмæ æфсæрмдзаст кæстытæ... Гъей, джиди, кæм дæ, кæ, æгæнон <æмæ рæсугъд æвзонгад!.. ’ Куы та стыр хæсты уадтымыгъ, бомбæты нæрын, сарма- дзанты гыбар-гыбур азæлы сæ хъусты æмæ уæд хæдзармæ сæхи байсынц... Нал сæ фæнды нæ сыгъдæг арвыл сау мигъ- тæ фенын, сармадзанты богътæм хъусын. Уадз æмæ нæ хур- дзаст арвы тыгъдадыл сæрибарæн ленк кæной хæххон сæры- стыр цæргæстæ. а
Пухаты Алыксандр ТÆССАГ ФÆНДÆГТЫЛ æрзæрыгонæй бауарзта Валодя æфсæддон хъуыд-) лаг. Иæ уд, йæ дзæцц уыдис милмæ ’хсын, цуаиы цæуын. Куыд- дæр-иу скъолайæ æрбацыд, афтæ-иу талф-тулфæй кæрдзын ахордта, пæ фыд Георгайы централкæ-иу къулæй райста æмæ- иу хъæдмæ афардæг. Танчы тыххæй кæд искуы чиныджы ба- каст, уый йедтæмæ йæ кинонывы дæр никуыма федта. Иуахæ- мы хъæумæ æрбакодтой фыццаг трактор. Сывæллæттæ йæ размæ æзфæраздæронæй згъордтой. Семæ уыдис Валодя дæр. Æдзынæгæй кастис æиахуыр машинæмæ æмæ йыл дис кодта. Г;1æ мид-зрæдæйы трактористмæ бахæлæг кодта, æз дæр ахæм машипа? скъæрып куы базонин, зæгъгæ. Цæмæй æнхъæл уыдг искуы йын уымæй вазыгджындæр машинæтæ йе ’вджид кæй бакæндзысты. Цыднс цадæггай лæппу йæ лæджы ранмæ. Æрсидтысты йæм Сырх Æфсадмæ. Иудзæвгар дзы куы аслужбæ кодта, уæд æй арвыстой Киевы æфсæддон ахуыргæнæндонмæ æмæ йæ æн- тысгæпæ каст фæцис. Ссис дыккаг рапджы æфсæддон техник, танкæйон ротæйы командиры хæдивæг. Арæх хайад иста ма- певрæты, зиаджимæ æцæг ныхæй-ныхмæ искуы фембæлдзæ- нис,1 уый йæ нæ уырныдта, фæлæ æнæнхъæлæджы Стыр Фыды- , бæстæйон хæст куы райдыдта, уæд йæ гуырысходзинæдтæ 460
уысммæ фæтарысты. Æрмæст ын хæсты фыццаг бонты йæ хъа- ру равдисыны фадат нæма уыди. Се ’фсæддон хай уыдис дард кæмдæр, фæсфроит. Цалынмæ архайæг æфсадмæ æрхæццæсты, уæдмæ мидхъуырдухæнты малы ныгъуылд, бæллыдис знагыл тагъддæр фембæлынмæ. 29 июлы сæумæрайсом уыдис йæ хæстон зын фæндаджы райдиаи. 109 танкæйон бригадæйы ко- мандир булкъон Чернов æм йæхимæ æрбасидт æмæ йым бар- дзырд радта: ... — Лейтенант Пухайы фырт, хæс дып кæнын бригадæйы танчыты æрмæгæй фæлындзыны æмæ хæлд машинæты фæс- фронтмæ цалцæг кæнынмæ æрвитыны хъуыддаг. Фидар фæлæу! — Хъусыи дæм, æмбал булкъон, — дзуапп ып радта уый дазр. .. ’ - • : Фашисттæ бырстой размæ. Сæ .танкæтæ махуæттæй уыдыс- ты бирæ фылдæр. Сцырынис карз тох. Цыфæндыйæ дæр фрон- ты ацы къаннæг фадыджы хъуамæ рæстæгмæ нæ хæстонтæ знаджы æрурæдтаиккой, цæмæй не ’пнæ æфсæддон хæйттæн фæуыдаид ног позициты сæхи æрфидаркæныны фадат. Нæ’тан- кæтæй бирæтæ хæлд æрцыдысты. Валодяйы бахъуыдис йæ ко- мандиры тан’чы рулыл ныххæцыпы сæр’æмæ- тохы цæхæры аныгъуылд. Уæдмæ нæ танкисттæм’ æххуысмæ æрбацыд æидæр ,-рфсæддон хай æмæ знаджы ныхмæ-хъазуаТæй абырстой.'Дык- каг бон фашисттæ дæр’ махуæтты ныхмæ ног тыхтæ æрбакалд^ той æмæ нæ танкисттæ фæстæмæ алæууыдысты. Валодяиты танчыэкипаж уыцы тохы скуынæг кодта знаджы дыууæ тан- чы æмæ иу сармадзан. Фæлæ иу цъыфдзаст ран цъысымы ба- хаудтой. Таик «Т-34»-æн иал уыдис размæ феккуырсыны фа- дат.’йæ алыварс цыдысты карз тохтæ. Æризæрдалыпгтæ, афтæ тох рæстæгмæ æрсабыр. Танчы экипаж кæд иунæгæй аззади, уæддæр знаджы æхста фæстаг снаряды онг. Уый фæстæ немы- цæгтæ пæ танчы цурмæ бацыдысты æмæ уырыссагау хъæр кæнынц: «Уырыссæгтæ, уæхи уацары радтут!» Цьтма сын сæ пыхас æппындæр иæ хъуыстой, афтæ ныхъ- хъусысты махуæттæ. Люк байгом кæнынмæ та знæгтæ сæ ныфс пæ ’хастой, афтæмæй лæууыдысты райсоммæ советои танчы цур. Стæй йæм.иу тягач æрбакодтой, хъуамæ йæ буксирæй аластаиккой, фæлæ та сæ фæндæй ницы рауади. Æнхъæлмæ кастысты наё- танкисттæ хъысмæты тæрхонмæ: «цæйнæфæлтау уацары бахауæм, фæлтау танк нæхæдæг спырх кæнæм, йæ мидæг удæгасæй куыд басудзæм, афтæ», — хъуыды кодтой уыдон. Танк дыккаг«'боны райсоммæ, удæгас цыртау, йæ мидбынаты’ лæууыдис. >Нал бахъуыдис йе спырх кæныны сæр. Не ’фсæддои хæйттæта’ размæ рабырстой æмæ йæ ссæри- >бар кодтой. . ,■ 1941 азы сентябрь. Брянскы горæты бацæуæнтæ. Валодя 461
ныр уыдис 13-æм танкæйон армийы 144 бригадæйы сконды. Ардæм иемыцæгтæн, бнрæ танкæтæ æмæ фистæг æфсад æрба- калгæйæ, бантыстис нæ танкæйон армийыл æрхъула кæнын. Командæкæнынады бардзырдмæ гæсгæ махуæттæ хæцгæ-хæ: цыи хъуамæ арæдывтаиккой æрхъулайы нæг. Ацы хъуыддаг нæ танкисттæй бирæтæн бантысти,- æрмæст æнæ танкæтæй, уы- мæн æмæ тохы рæстæджы басыгъдысты къорд советон танчьи Афтæмæй нæ хæстонты иу къорд фистæгæй фæндаг гæрста пæхиуæтты ’рдæм. Фæлæ фæпдаггæрои сæ разы бабадтысты. Немыцаг афицер Валодямæ автомат ныддардта, фæлæ йæм йæхæдæг фæраздæр æмæ йын пистолеты нæмыг йæ ныхыл фæ- кодта. Бацайдагъис нæ хæстонтæн лæгæй-лæгмæ тох æмæ знæгты ныддæрæн кодтой. Тохы быдыры баззад 20 фашисты марды. Æппынфæстаг, Льговы горæты цур танкисттæ баиу сты не ’фсæддон хæйттимæ. 1942 азы апрелы карз тохты фæстæ Воронежы горæты арæзт æрцыдысты не ’фсæддон хæйттæ ногæй. Пухайы фырты та барвыстой ног æфсæддон хайы — 16 танкæйон корпусы 119 танкæйон бригадæйы скондмæ. (Уыцы бригадæйы хæстон- тæй хæсты фæудмæ нал фæхицæн). Валодяиты æфсæддон хай æрвыст æрцыд Сталинградмæ. Вертячийы районы сын немыцæгтæ æфсæнвæндаджы платфорт мæйæ рахизыны фадат нал лæвæрдтой, дæсгай хæдтæхджытæ сыл уæлдæфæй бомбæтæ калдтой. Махуæттæ сæ æхстой сар- мадзантæй æмæ дзы æрæппæрстой дæс хæдтæхæджы. Фæстæдæр сцырынис танкæйои хæст дыууæты ’хсæн. «Уый уыдис уæззау æмæ æвирхъау тох, — фæзæгъы Вало- дя, уыцы цаутæ мысгæйæ, — уым хайад райста 1 мин танчы бæрц. Нæ дæр немыцæгты уагътам размæ бырсын, нал дæр нæ- хицæн уыдис уый фадат. Танкæтæ дыууæрдыгæй дæр сыгъдыс- ты, мыдадзын цырæгътау. Цыма-иу нæ алыварс дынджыр хæ- дзæрттыл зынг сирвæзтис, афтæ-иу ныррухс алфæмблай мæйдар æхсæв дæр. Уæлдæфы-иу афтæ бирæ иемыцаг хæд- гæхджытæ фæзындис, æмæ боныгон нæ уыдис фæсчъылдымы уæвæг æфсæддон хæйттæн фроиты хахмæ æрбакæныны фадат». Иуахæмы æхсæвыгон Валодя фæцæйкодта ногцалцæг танк фæсчъылдымæй йе ’фсæддон хаймæ. Талынджы йын бæргæ ницы уыд, фæлæ йæ бонцъæхтыл немыцаг хæдтæхджытæ ба- •фиппайдтой æмæ йыл бомбæтæ калын райдыдтой. Танкист-иу йæ машинæ куы иуырдæм фæзылдта, куы — иннæрдæм, цæ- мæй йыл бомбæ ма сæмбæлдайд. Фæлæ уæддæр æвыдæй нæ баззад. Танчы размæ, бомбæ фехæлд æмæ йæ.' мидбынат æр- лæууыд. Йæ Мотор ссыгъди. Валодя æмæ йе ’добæлттæ æвип- пайды æргæппытæ кодтой судзгæ^ танкæй. Гуыбынцъæрттыл. бабырыдысты бырæттæкалæн уæрммаэ æмæ дзы.сæхи бааууон кодтой. Фашисттæ хъуыды кодтой/зæгъгæ, танчы экипаж ба- №
сыгъди æмæ сæ ныууагътой.' Цъысымæй та фервæзтысты. Дык- каг бон Сталинградмæ хæстæг Валодя фæцæйцыдис иунæгæй фронты раззаг хаххæй фæсчъылдымы æфсæддон хаймæ. Иу цемыцаг хæдтæхæг æй ауыдта, ныллæг æм йæхи æруагъта ;емæ йæ æхсын райдыдта. Валодя-иу йæхи æрхгонды кæнæ къу- тæрты бааууон кодта, фæлæ та-иу цæуыныл куы схæцыд, уæд та-иу йæ сæрмæ февзæрд. Сахаты бæрц æй уæгъд нæ уагъта. /Еппынфæстаг æм йæхи хæрз ныллæг æруагъта, фæлæ, йæ амондæн, хæдтæхæг^ хосы цъынайыл йæхи ныххуырста æмæ ссыгъди. Хæдтæхæгскъæрæг фæмард ис. Афтæмæй та Пухайы фырт ног бæллæхæй фервæзтис. Уыцы районы та йæ бахъуыдис хæлд танк цалцæг кæнын- мæ аласын. Боиы тохты фæстæ йæ бабæрæг кодта. Немыцæгтæ уыдысты танкæй 150—200 метры æддæдæр. Валодя таикмæ бабырыд, федта/ йæ цалх лырх кæй уыдис, уый. Мидæгæй бад- тис йæ механик мардаэй. Ацыдис нæхиуæттæм, тягачыл сбадти æмæ та танкмæ араст! Куы йæ рацæйласта, уæд немыцæгтæ танчы æхсын райдыдтой. Уыцы ран Пухайы фырт фæкантузи ис, фæлæ уæддæр танк бынатмæ фæхæццæ кодта. Уым æй сцал- цæг кодтой æмæ та ногæй хæстмæ арасти. Немыцаг фашисттæ Сталинграды кæронмæ дæрæн куы ’рцыдысты, уæд, Валодя цы ’фсæддон хайы службæ кодта, уый арвыстой фыццагУкраинæйы фронтмæ. Уырдыгæй Валодя не- мыцаг танкыл хæцгæ-хæцгæ цыдис размæ Хурныгуылæны- рдæм.’Сæхи хæцæнгарзæй сæ куынæг кодта. Активон хайад райста Корсун-Шевченкойы районы æрхъулайыбахауæг не- мыцаг-фашистон æфсæдты скуынæг кæныны æмæ Уманы го- рæт ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Хæстон архайдтытæ цыдысты ныр та æфсымæрон Поль- шæйы зæххыл. Нæ хæстонты бахъуыдис æвæстиатæй Вислæйы цæугæдоны сæрты ахизын. Марты уазал сæумæрайсом. Валодя æмæ йе ’мбæлттæн бахæс кодтой доны сæрты бораныл танкæ ахизын кæнын æмæ доны фаллаг фарс плацдарм бацахсын. Вислæйы астæумæ куыддæр бахæццæ сты, афтæ сыл немыцаг хæдтæхджытæ бомбæтæ калын райдыдтой æмæ дзы иу бомбæ комкоммæ бораныл сæмбæлдис. Хæстонты иу хай фæдæлдон, иннæтæн уæддæр фалæмæ ахизыи бантыстис. Валодя дæр доны ныххауд, фæлæ-ма цыдæр æгъдауæй ихджын донæй сирвæз- тис æмæ фалейæ февзæрд. Фæлтæрд танкисты зæрдыл ма арæх æрлæууы, Одеры цæугæдоны сæрты хизгæйæ, иу цау. Доны фаллаг фарс немы- цæгтæ сарæзтой бирæ фидæрттæ, хъахъхъæдтой йæ цæсты- гагуыйау. Йæ сæрты ахизын1 ’ боныгон уыдис иттæг тæссаг. Фронтыкомандæгæнæджы бардзырдмæ гæсгæ донбылмæ æр- баластой бирæ прожектортæ æхсæвыгон. Иууылдæр сæ немы- цæгтæм ныддардтой. Сæ цæстытæ тарытæгæнæг рухсы руаджы махуæттæ размæ абырстой æмæ Одеры сæрты ахызтът^ты. Не- 463
мыцæгтæ фергъуыйау сты æмæ æнæсæрфаты лыгъд кодтой, сæ хæстон техникæ уадзгæйæ. 1945 азы апрелы кæрон. Стыр уæлахизмæ ма баззадис ны- мад бонтæ. Нæ хæдтæхджытæ куы стæхынц, уæд Берлины сæр- мæ арв бамбæрзынц. Танктæ æмæ сармадзапты зæй æфсæры размæ горæты уынгтæ æмæ фæзуæтты. Фæстаг, фæлæ карз æмæ мæлæтдзаг тохтæ. 119-æм танкæйон бригадæ ис Рейхста- гæй æрмæстдæр 300—500 метры æддæдæр. Фашистты ахстон ис нæ сармадзанты комкоммæ æмæхсты бын. Берлины горæтгæ- рои уыдис уацайрæгты концлагерь. Уыдис дзы бирæ уырыс- сæгтæ, францæгтæ æмæ польшæйæгтæ. Фашисттæ сæ иу бæс- тыхайы батардтой. Хъуамæ сæ удæгасæй басыгътаиккой. Иу зæронд немыцаг коммунист Валодямæ удисæджы цыд æрба- кодта æмæ йын афтæ зæгъы: — Уæртæ уыцыран фашисттæ уацайрæгты бакодтой æмæ сæ хъавынц удæгасæй басудзын. Уадидæгæн -Валодя хабар бригадæйы командирæн фехъу- сын кодта. Уый сын бардзырд радта: — Цæугæ ут цалдæр танкимæ æмæ сæ æвæстиатæй фервæ- зын кæнут. Валодя йемæ дыууæ танчы акодта, батыдтой концлагермæ æмæ уацайрæгты иууылдæр ссæрибар кодтой. Цины цæссыг’- тæ, фæрдгуытау, сæ цæсгæмттыл æрттывтой. Берлины систы фæстæ Валодяиты æфсæддон хай æрвыст æрцыдис горæты’. хурныгуылæн хаймæ. Уæдмæ немыцаг-фа- шистон тыхæйисджытæ алы ран дæр сæ гæрзтæ æвæрын рай- дыдтой. Тыхджын æмæ карз знаг йæ зонгуытыл æрлæууыд. Уæлахизы боныл Валодя сæмбæлдис майоры чинимæ. Уæлахиздзаутæ здæхтысты сæ райгуырæн хъæутæ æмæ горæттæм, фæлæ Валодя нырма *>йæ дзул лæвæрд нæ фæцис. Уый фæстæ ма къорд азты фæслужбæ кодта арæхстджын ко- мандир Советон Æфсады: Бирæ æфсæддон кадртæ ма схъомыл кодта, танкæ «скъæрыны дæсныйад бирæтæн бацамыдта. Рай- гуырæн бæстæйы раз йæ лæггæдтæ бирæ сты. Йæ хæстои сгуыхтдзинæдты тыххæй Пухаты;Теоргийы фырт Владимир хорзæхджын у Сырх Тырысайы-, Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæн, ■ Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къæпхæны æмæ Сырх Стъалыйы æртæ орденæй; /стæй ма йын ноджы лæвæрд æрцыдис дæс майданы. Æхсæрдæс хорзæХы — æхсæрдæс сгуыхтдзинады, æхсæрдæс< тæссаг фæндаджы, æхсæрдæс хæс- тон зарæджы. . " : ’ Ныртæккæ, отставкæйы ацæуыны фæстæ, уый йæ бæрц би- нонтимæ цæры йæ фыдыуæзæгæй дард — Одессæйы областы Болграды горæты, фæлæ уырдыгæй дæр хъусы . Ирыстоны зæрдæйы цавд, æнкъары райгуырæн хæхты комулæфт. »
Пухаты Илья, Лухаты Алыксандр ЗАРÆГ АХÆЦЦÆ БЕРЛИНМÆ ШШ^яящ дде бакæсгæйæ, ацы рæстæмбис, саулагъз, фндæрт- тæконд лæг зыны, цæргæцæрæнбонты йæ къахы алгъæй дæр цц никуыма схъæрзыдта, ахæм. Иннæ ахæм та йæ зæрдæйы уаг. Иæ цæсгомыл никуы айсæфы фæлмæн мидбылхудт. Йæ уд, йæ дзæцц у хъазæн ныхæстæ кæнын. Æгæрыстæмæй, æрæджы рынчындонмæ куы бацыд, уæд дохтыр фæдызæрдыг ис, лæгæй исты риссы, ууыл. Æмæ йæ афарста: — Мишæ, æнæниз лæджы каст мæм куы кæныс, уæд дæ афтæ тынг цы тыхсын кæны? — Мæ рæуджытæ, дохтыр. Æрмæст ’рæуджыты низæй нæ... — Уæдæ цæмæй? — афарста та йæ цымыдис дохтыр. — Хæсты низæй. — Нæ дæ ’мбарын. — Авд æмæ ссæдз азы мæ рæуджыты сармадзаны нæмы- джы схъис хæссын. Цыма мын сæ хъысмæт зæрдылдарынæи •балæвар кодта, уыйау. — Уæдæ уый уæззау хабар у. — У, фæлæ быхсын. Цы гæнæн ис, уымæй быхсын. Дохтыр æй лæмбынæг басгæрста, сбæрæг ын кодта йæ рæуджыты куыст, зæрдæйы цавд. Иæ улæфт уыдис уæззау ,30* 465
æмæ йæ палатæйы схуыссын кодта. Уым ын бæрæг фенцондæр ис, фæлæ та рынчындонæй куы рацыдис, уæд иу цасдæры фæ- стæ сног сты йæ рыстытæ, фæстæмæ та йæ дохтыры сæр ба~ хъуыдис, хæстæй баззайгæ æмбæхст хъæдгæмттæ та сæ ны- хас загътой. Ахæм уавæры арæх бахауы Фыдыбæстæйы хæсты дыккаг къорды инвалид Пухаты Исмелы фырт Михаия ;(Мишæ). I Мишæйæн ма арæх йæ зæрдыл æрлæууы, раджы кæддæр,хæ- сты размæ аз йæ карæнтимæ йæ фыдыуæзæгæп Сырх Æфсад- мæ куы раст кодта, уæд сын «Балцы зарæг» ’ куыд самыдта,, уый. Нæма зыдта цардцыбæл æрыгон лæппу, уыцы зарæджы фæстæ цы уыдзæнис, уый.' Нæма зыдта, уыцы зарæг азарыны. сæр æй тохы быдыры дæр кæй бахъæудзæнис, уый. Сбадтысты поезды. Цыдысты Красиодары горæты-.’рдæм хъазгæ æмæ худгæ, сæ рагбæллицтæ мысгæйæ. Службæ’ кодта Мишæ артиллерион полчы Краснодары, стæй сæ арвыстой Ук~ раинæмæ, Белая Церковы горæтмæ. Уым æй æрыййæфта Фыды- бæстæйон хæст дæр. Уырдыгæй та сæ арвыстой Минскмæ. Ам 474 артиллерион полчы 2 батарейы сконды Пухайы фырт фыц- цаг хатт, ныхæй-ныхмæ фембæлд немыцаг тыхæйисджытимæ. Райста фыццаг хæстон фæлтæрддзинад. Знаг бырста размæ. Махуæтты бахъуыдис уæззау тохти- мæ рæстæгмæ фæстæмæ алæууын. Карз тох сыи бацайдагъис знаджимæ Бязьмæйы горæты цур. 474 полк бахауд немыцаг æр- хъулайы æмæ 18 боны дæргъы архайдта æрхъула атонын æмæ Сырх Æфсады сæйраг хæйттимæ баиу уæвыныл. Æрцыдис сыл стыр зиæнттæ, фæлæ уæддæр сæ полчы, стæй дивизийы хицæи къордтæн бантыстис Можайскы горæты цур æрхъулайы цæг арæдувып. Æнæхъæн полкæй ма удæгасæй баззадис 150 хæсто- ны’бæрц. Се ’фсæддои хай ногæйарæзт æрцыд. Хонын æй рай- дыдтой 575 артиллерион полк. Æмæ та карз тохты цæхæры аныгъуылд. •',''* • : Можайскы горæтмæ’ дард ^бацæуæнтæ; Дунейæн зындгонд, чи у, уыцы Бородинойы быдыртæ. Ногæй та æгъуыссæг æх- сæвтæ, арф мидхъуырдухæнтæ. Атакæ атакæйы фæдыл. ;Алы- гъуыз хæцæнгæрзты иугъæдон нæрын æмæ æхсидт. Нæ хæстон- 1æ Мæскуымæ цас æввахсæй-æввахсдæр кæнынц, уыйас .еаг. зæрдæтæ уынгæгæй-уынгæгдæр кæнынц. Фæлæ нæ... Фæстæ- мæ лæууыи мардæрцыдæй хъауджыдæр нæу салдатæн. • Хъæуы лæджыгъæд æмæ зындзинæдтæбыхсыны сæр. Сæдææртын азы размæ сæрыстыр Наполеон дæр ам бавзæрста йе ’рагъыя уырыссаг хæцæнгарзы азар. Æмæ уыцы азар æнхъæлмæ кæсы æппæлой. Гитлермæ дæр. Æмæ йын аслам не слæудзысты æцæгдæр Бородинопы быдыртæ. ( Уæддæр йæ сау фæнд нæ аивта, знаг. Бырсы дарддæр Мæскуыиы ^рдæм. Ног <æмæ ног тыхт^ халы.ардæм. 7-æм ноябры .стол’ицæйы зæрдæ — Сырх фæзыя’ ф|внд.кæны уæлахизы парад, саразыныл... О, парад æцæг уы- дис.Сырх .фæзы, фæлæ Сырх Æфсады парад. Зæхх судзы, ар,& 466,
сау мигътæй сæхгæдта. Æмæ ахæм уæззау сахат ан&рыдысты фронты иу кæронæй иннæмæ разæнгардгæнæгдзьфдтæ: «Амæл-; дзыстæм, фæлæ уæддæр Мæскуыйы знагæц нæ1 ратдзыстæм!», Уыдон фæндаг айгæрстой алы советоп хæстону *^æрйæмæ дæр.; Мишæиты полк хъахъхъæдадон позицитæ ’ бацахета’. Алья- биискы лагерты цур. Сармадзанты комкоммæ ’æхстæй куынæг, кодта знаджы удæгас тых æмæ техникæ. Удуæлдайæ:(;хъахъ-; лъæдтой Мæскуы — Минскы сосæ фæндаг. •' ,' : " • Мæскуыйы цур немыцаг тыхæйисджытæ дæрæн æрцыдыс- • ты. Се ’ргом аздæхтой Хурныгуылæнырдæм æмæ лыгъдысты фæстæмæ. Мишæиты полк хайад райста Смоленск æмæ Вязь- ’ мæйы горæттæ ссæрибар кæныны сæрыл тохты:' Уый фæстæ, Пухайы фырт бахауд 32-æм дивизийы 133 æхсæг пол^ы 76 мил- ’ лиметрон сармадзанты батареймæ. Радтой йьш’ старшинæиы; иом, ссис политикон хайы батарейы комапдиры хæдйвæг. Тугкалæн тохтæ цыд Великие Лукийы горæты’ сæрыл. Кæ- рæдзи фæдыл фæстæмæ æппæрст цыдысты знаджы контрата- кæтæ. Мишæ уыдис взводы командир. Æнæфæкъуыльшпыйæ( (|>æлыидзыдта полчы дæлхæйтты алыхуыз хæцæн’гæрЗты’ нæм-' гуытæй. Р1æ куыст рæвдз кæй цыдис, уый тыххæй1 раиста к’о- \ мандæкæнынадæй цалдæр бузныгдзинады. Ярцевойы ’горæтмæ хæстæг артиллериои æхст цæттæ кæ: 1 ныны рæстæджы Мишæйæн фæцæф йæ галиу ’бæхбæттæн. Сар-; мадзаны нæмыджы схъистæ йæ рæуджыты баззадыс’гы абоиы\ онг дæр. Цасдæр рæстæджы дæргъы хуыссыд МæсйуыйЦ гос-1( питалтæй сæ иуы. Куыддæрйæ хъæдгæмттæ бадзæбæх сты/ афтæ та йæ зæрдæ фронтмæ ахсайдта. Æндæр æфсæддон хай:, мæ йæ кæй арвыстой, уымæ гæсгæ йын йæ хæстон æмбæлтты фенын нал бантыстис. Дыккаг Белоруссаг фронт... Стыр цæрæн’ пункт Гуки. Не- мыцæгтæ тынг сфидар кодтой сæ позицитæ. Фронты ацы фа- дыгмæ æрбакалдтой ног тыхтæ. Иу цасдæры бæрц ’нæ хæстон: тæн размæ феггуырсын и’ал бантыстис. Дивизийы командир инæлар Терентьев артиллерион батарейтæн*' ’бардзырд радта, ’ цæмйвй комкоммæ æхстæй скуынæг кодтаиккой знаджы разза- гон 'З’ынгон тæппытæ.' Æнæхъæн æхсæвы Мишæ æмæ йе ’мбæлт- тæ къахтой акъоппытæ, сæхй цæттæ кодтой радон ныббырстмæ: Цалдæр æхсæвы дæргъы кæд хуыссæджы хъæстæ нæ фесты, уæддæр лæууыдысты фидар. Сæумæцъæхæй скуыстой сарма- дзантæ æмæ минаметтæ, анæрыдис пулеметты къæр-къæр. Са- хаты фæстæ фашистты доттæ æмæ дзоттæ куынæг æрцыдысты. Нæ хæстонтæ, знаджы хъахъхъæдад арæдувгæйæ, æртæ боны дæргъы размæ ацыдысты сæдæ километры бæрц. Уым Мишæ- йы сармадзантæ скуынæг кодтой^ цалдæр танчы. Тохты фæл- тæрд артиллерист йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Йе сгуыхтдзинæдты тыххæй уыцы рæстæджы фыста дивизийы газет, стæй нæ областон га- зет «Коммунист» дæр (ныр «Советон Ирыстон»). 467
Белоруссаг горæт Витебск ссæрибар кæныны сæрыл тохты дæр Мишæ равдыста хъæбатырдзннад. Сæ размæбырсæг полк иу боны дæргъы фæстæмæ аппæрста знаджы танкæты 12 контр- атакæйы, уыдонæн стыр зиан бакæнгæйæ. Уый фæстæ Пухайы фырты арвыстой Дыккаг Прибалти- кæйы фронтмæ. Ныр махонтæ размæ бырстой æнæфæкъуылым- лыйæ, фронты хахх æввахсдæр кодта нæ паддзахадон арæи- тæм. Мишæ æмæ йæ хæстон æмбæлттæ дардæй æикъарын рай- .дыдтой стыр уæлахизы комулæфт. Литвæйы зæххыл сæ фæндаг акодтой Хурыскæсæн Прус- симæ. Паддзахадон арæны хахмæ куы бахæццæ сты махон- тæ, уæд рæстæгмæ тох æрсабыр. Мишæитæ ацы æхсызгоп цау банысаи кодтой фæйнæ сæдæ граммы уырыссаг арахъхъæй. Дардыл анæрыдысты В. Лебедев-Кумачы «Широка страна моя родная»-йы зарæджы æхцон зæлтæ, стæй уырыссаг фæндыры пагъд. Арæнгæрон урсхъулон цæджындзыл немыцаг æвзагыл фыст уыдис, Мæскуьгмæ, зæгъгæ, ис уал километры. Мишæ фырмæстæй уыцы фыстытæ схафта æмæ сæ бæсты уырыссагау иыффыста «Цæуæм Берлинмæ», зæгъгæ. Æмæ, тохгæигæ, раз- мæ цыдысты хæстон æмбæлттæ. Клайпедæйы (Мемелы) цур немыцаг æфсæдты къорд се ’рхъулайы бахауд. Бирæ ма афæл- вæрдтой знæгтæ цъысымæй сирвæзыныл, фæлæ сын дзы ницы рауад сæ къухтæ сдарынæй дарддæр. Уым та Мишæйы дæлхай тохты фесгуыхти, Мишæ йæхæдæг хорзæхджын æрцыд Хъæба- тырдзинады тыххæй майданæй. Фæлæ йæ хъуыр фæцæф ис æмæ та цасдæр тохтæй фæиппæрд. Медсанбаты фæхуыссыд, госпиталмæ нæ акуымдта, рæхджы та, дам, мæ ме ’мбæлттæм цæуын хъæуы, зæгъгæ. Æмæ та сæ æрцагуырдта, кæрæдзийыл та фæцин кодтой. Цалдæр боны фæстæ ахьптысты Одеры цæу- гæдоныл, бахæццæ сты фашистон, оырды лæгæт — Берлинмæ. Берлины уынгты цыдис уæлахизхæссæджы зæрдæйы уаджи- мæ. Иу хатт, кæддæр, Сырх Æфсадмæ цæугæйæ, цы «Балцы зарæг» самыдта, уый та йæ зæрдыл æрлæууыд æмæ йæ хъæ- лæсыдзаг ныззарыд. Сæууон уддзæфы рæубазыртыл тахтысты кæрæдзи фæдыл зæрдæйæн адджын ирон дзырдтæ. Йæ фыдыуæзæгыл райдыд- та уыцы зарæг æмæ ахæццæ Берлинмæ. 4
Гаглойты Григол КУЫД РАЙХÆЛДИ ÆЛХЫНЦЪ у бон, фæскуыст сындæггай цыдтæн Тирипонайы къанауы былгæрæтты иукъахвæндагыл. Бахæццæ дæн къан* нæг хæдзары цурмæ. Уым æвиппайд мæ хъустыл ауад адæй: у.аджы уынгæг, уæззау хъæрзт. «Чи у, цы кæндзæн?»—ахъуыг ды кодтон мæхимидæг. Æрлæууыдтæн. Лæмбынæг кæсын хæдзары ’рдæм. Уалыпмæ райхъуыст рудзынджы авджы} :;ъæрцц-къæрцц. Чидæр мæм йæ къух тилы мидæгæй. «’Мæнæ царциаты диссаг. Чи уыдзæн?»—мæхи фæрсын. Бакодтон кæрты дуар. Бахызтæн хæдзармæ æмæ джихауæц аззадтæн: рудзынггæрон, бандоныл бадт, лæдзæгыл æпцой кæн- гæпæ, æхсай азæй фылдæр кæуыл цыдаид, ахæ\* лæг. Йæ цæс- гом иыффæлурс, тыхулæфт кæны. Æрæджиау дзы райхъуыст; —Бахатыр кæн, мæ бон сыстын нал баци, уæртæ стъолыл хостæ æмæ мы’ндзы авæр. , Æз цырд^февнæлдтон..; ,Иу хос... дыккаг... æртыккаг... Лæг сындæггай æрсабыр, йæ риуыдзаг сулæфыд. Йе ’муд куы ’рцыд, уæд мын мæ цæсгоммæ комкоммæ ныккаст æмæ сдзырдта: . — Стыр бузныг. Ды куы пæ уыдаис, уæд мæ хъуыддаг æр- 469
дуйыл лæууыд. Мæ хурхы уадындзтæ æрбахгæдтой æмæ ма цы ацаргезтанн, уымæн ницыуал зыдтон. Нæ бинонтæй дæр 1'ыртæккæ бынаты ничи ис. Æмæ дæумæ уымæн фæсидтæн. Лахатыр мын кæн!.. Лæг разынд мæ рагои зопгæ. —Æмæ цы кæныс? Цы дæ тыхсып кæны?— афарстон æй. --Цы фыддæр знаджы къона!.. Цæйдæр астма мæ йæ ньгхтæ ныссагъта æмæ мын уæлдæф мæ хъуыры нал уадзы. Абон та мыи æппын удæнцой нал дæтты. —Рагæй дæ афтæ? — Рагæй, мæ хæлар, ратæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй фæстæмæ. Уæд ма лæппу уыдтæн, мæ тых, мæ хъару мæхимæ уыд æмæ йыл мæхæдæг тых кодтон, ныр та мыл низ тых Кæны, фидар рæхыстæй мæ сынтæгмæ ныббаста. —Æмæ дæ къах та цы кæны? —Цæф мын у. Фашисттæ мæ бабын кодтой. -Цæф? — О, мæ хур, цæф. Уый мын басаста мæ хъарупæн йе ’рдæг, æндæра мын ацы æлгъаг пиз цы хъуамæ ракодтаид. Кæсыс, мæ галиу къах агъды рæбынмæ бынтон дæр нæ кусы, фопдз саптиметры мып фæцыбыр. Æнæ лæдзæг къахдзæф акæныи мæ боп нæу. — Дауыт, зын дыи у дзурын, фæлæ мын дæ хæстон цаутæй нсты куы радзурис, тыпг сæм цымыдис кæнын. — Табуафси, зын мын у, фæлæ бацархайдзынæн. — Дæ хорзæхæй. Дауыт иу уысм æдзынæг алæууыд, æвæццæгæн, йæ хъуыды- тæ, разсгар<т?гау, дугъ кодтой йæ хæстон фæндæгтыл æмæ агуырдтоп, кæцæи райдайа, уыцьт бынат. Уалынмæ йæхи æр- уагъта сынтæгыл æмæ райдыдта: ■ Хæсты размæ милицийы хаххыл каст фæдæн дыууæазон ахуыргæнæндон. Лæг хъуамæ раст зæгъа, уарзтон ахæм куыст. «Еныр мæхицæн дæр æмæ мæ адæмæн дæр кæд исты ахъаз фæуин», — хъуыды кодтон. Райдыдтон кусын, хъаны цард кодтои... Фæлæ хæсты арт куы сгуылф кодта, уæд нæ фæси- вæд тохмæ аивылдысты. Æз дæр ныууагътон мæ куыст æмæ ацыдтæн... Уайтагъд бахаудтæн Бакуйы æртæмæйон æфсæддок къурсытæм. Сдæн хистæр политрук. Иу сæумæрайсом не ’фсæд- дон хай поезды сбадт æмæ Новороссийскы амидæг стæм... Уæдæ, Новороссийскы... — райхъуыст ма дзы æмæ иудзæвгар ныхъхъус, цыма йæ хъуыдыты ныххерджи, уыйау. Дзырды схъис дзы нал хауди. • •— Цы ма зæгъдзынæ, Дауыт? — афарстон æн æрæджиау. | — Зæгъинæгтæ бирæ, фæлæ..: — Фæлæ цы? — Зып мын у, мæ хурх та бахгæдта. — Хос дын радтои. 470
— Радт. Дауыт та анызта хос. Йæ цæсгом фæирддæр. — Еныр мын ницыуал у, фæлæ кæд, миййаг, исты срыс- сынмæ хъавыс, уæд... ... — Æмæ дæ нæ фæнды? — Фæнды, фæлæ æз газеттæ арæх фæкæсын æмæ луæй-иу журналисттæ арæн-æй æгæр ахизынц... Циу, цынæ зæййы, уый фæфыссыиц æмæ мæн афтæ нæ фæнды. — Чи зоны, ис ахæмтæ дæр, фæлæ æз нæ ахиздзынæн, цы мын зæгъай, уыцы арæнæй дарддæр. Дауыт йæ мидбылты бахудти æмæ зæгъы: .; — Уæдæ афтæ, æрдæгæхсæв поездæй æрхызтыстæм Ново: российскы. Уыд мæйдар. Цæсты къух куы фæтъыстаис, уæддæр æй нæ федтаис. Къæвда уарыд æмæ уазалдзæф дымгæ æхсидт кодта. Фронтæй иæм хъуыст, хæсты арт цырыиæй-цырындæр кæй кодта, уый. Зæхх æмризæджы рызти. Мах арæзтам* фи- дæрттæ, ахуыр кодтам æфсæддон хъуыддаг. Сау денджызы былтыл ныи иу бынат æнæсгæрстæй нал баззад. Знаг стыр тых- - тæ æрбакалдта Керчмæ. Нæ хъавд уыд уыдонмæ. Райстам бардзырд æмæ ныхæй-ныхмæ æрлæууыдыстæм фашистон хæстонтимæ. Керчь сыгъди, пиллон калдта. Нæмгуытæ згъæл- дысты ихуарæгау. Уырдыгæй фæтардтам знæгты. Сæдæгай фашисттæн сæ цард аскъуыд ацы тохты. Мах дæр цух нæ задыстæм. Уæд та ноджыдæр æрбакалдтай пог тыхтæ. Зынг -æмæ та арт фестад Керчь. Мах бахъуыд фæстæмæ алæууыны сæр. Сбадтыстæм науты, цæуæм. Фæлæ немыцаг хæдтæхджытæ ^æзындысты. Æхстой нæ, бомбæтæ ныл калдтой. Мах дæр сын дзуапп лæвæрдтам. Фæстаг хатт бомбæ æрхауд нæ фар- смæ, нæ нау фехæлд, не ’фсæддонтæм ма бæргæ æндæр нау æххуысгæнæг фæци, фæлæ уæдмæ æртын адæймаджы йедтæ- мæ иннæтæ фæдæлдон сты. Фыдбылызæй аирвæзтæн. Иогæй та нæ ныддихтæ кодтой æндæр æфсæддон хæйттыл. Гъе, афтæ дыууæ хатты къухæй-къухмæ цыди Керчь. Ра- кæндзынæн ма дын иу хæстон цауы кой. Уый дæр Керчы уыд. «Кæнæ мæлæт, кæнæ Керч хъуамæ ма ныууадзæм фашист- тæн», — ард хордтой не ’фсæддонтæ æмæ та иу æхсæв бабыр- •стам. Сармадзаиты æмæ бомбæты уынæрæй хъустæ къуырма кодтой. Цнн дын фенон, аккаг сын куыд фестæм. Ацы тохты -фæстæ мын’радтой Хæстон сгуыхтдзиплрдты тыххæй майдан. Мæ цинæн палдыд^кæрон дæр. Уый фæстæ та райстон Хъæба- тырдзинады тыххæй майдан. Афтæ тох^кодтам цыфьгддæр знаджимæ суанг 1943 азмæ, <тæй стыр хъæу Семикалодецмæ хæстæг карз тохы фæцæф дæи. Фашистон маргæйдзаг нæмыг сæмбæлд мæ агъдыл æмæ <тæг ныппырх1' Ахаудтæн. Уый уыди сæумæрайсом æмæ изæр- мæ баззадтæн мæрдты *хсæн. Туг фæцыди, мæ тых байсыст. ^зæры медицинон хотæ фæзындысты цæф æфсæддонтæн æх- 471
хуысмæ. Мæн дæр авæрдтой лæггуыффæйы æмæ мæ ахастои фæсфæд, машинæйы нæ байдзаг кодтой æмæ нæ амидæг кодтой Краснодармæ хæстæг быдырон, госпиталы. Уалынмæ та нæм яемыцæгтæ ардæм дæр райдыдтой бырсын. Фæзынд нæм хæдтæ- хæг, сæвæрдтой нæ ууыл æмæ тæхæм... Кæдæм, уый та иæ чп1 зыдта... Фæлæ та нæ иуран немыцаг дыууæ хæдт^æхæджьг сагайд- той ’æхсын. Махуæттæ ’дæр сын дзуапп лæвæрдтой. • Иу дзы афæппæрстой. Ацы æхсты та нæмыджы схъис сæмбæлди ме ’фсæры къæдзыл æмæ хурхæй цармы ’хсæн банцад. Уæззау цæф фæци хæдтæхæгскъæрæджы цонг дæр, фæлæ нæ йæ иу къухæй. уæддаёр ныхæццæ кодтам Бакумæ — хæ’стмæ кæцæй араст дæн? уырдæм. * '• ’ Гъе, афтæ райхæлдта Сагкаты Дауыт, йæ хæстон цауты фæдылрагæй фæстæмæ нæ зæрдæйы цы æлхынцъ дардта, уый. . * * ■ * . .Дауыт ’ райгуырд Дменисы хъæуы. Иæ сабийы бонта^ дæр >ым арвыста. /Гæппуйæ арт æмæ зынгæй уæлдай нæ уыд. Хус- сар Ирыстоны сæрмæ сæрибары Сырх тырыса фæйлауын куьг райдыдта, адæм се ’ргом "ног цардарæзтадмæ.куы аздæхгой, уæд Дауыт 1921 азы бацыд ленинон фæскомцæдисы рæнхъы- тæм. Бирæ уарзта æфсæддон хъуыддаг. Уымæ гæсгæ 1927 азы бархийæу ацыд Сырх Æфсадмæ æмæ дзы баслужбæ кодта дыу- уæ азы. Ам иу æмæ дыууæ хатты нæ райста командæкæнына- дæй арфæйы ныхæстæ йæ хъæбатыр æфсæддон архæйдтыты тыххæй. Æртæ’ мæйы фæстæ та сси взводьг командиры хæди- вæг, райст’ой йæ партийы рæнхъытæм, дæр æмæ уæдæй фæстæг мæ йæ дзыппы кадимæ хæссьг коммунисты сырх билет. . Хæсты агъоммæ аст азы фæкуыста милицийы хистæрæГг Зестафоны, Знауыр, Дзау æмæ Ленингоры ’ районты. Адæ^æн хъахъхъæдта сæ сабыр цард. Абон дæр ма йæ рымысынц, йемæ чи куыста, уыцы æмбæлттæ. Йæхи загъдау, фæндыд æй йæхицæн дæр æмæ йæ адæмæн дæр исты ахъаз фæуын, фæла^- хæст хæст у. Дауыт дæр, æм фæцыд йæ дыууаё кæстæр æфсы- мæр — Никъала æмæ Пирузимæ. Дауыт æмæ Никъала цæфтæп рыздæхтысты сæ райгуырæн хъæумæ, Пируз та йæ сæр æрхаста нæ адæмы сæрвæлтау. ’ *. , ; Ныр Дауыты дæр бандæвтой йæ хæстон фыдæбæттæ, смæл- лæг... * Фæлæ йæ Советон хицауад нæ рох кæны. Хос ын кæны_ Дæдты йын пенси. Дауыт ма хорзæхджын у цалдæр æидæр май- данæй дæр. ^
Цхуырбаты Иван ЛÆДЖЫ ФАРН ыццаг уырыссаг революци æмæ мидхæсты актп- вон хайадисæг Санахъоты Георгины фырт Антъон йæ цард пывондæн æрхаста нæ Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинадыл. Георгийы фырттæ бавзæрстой сидзæры хъысмæт, æрмæст Со- ветон хицауады фæрцы адæмы рæгъы рацыдысты, дæлæмæ не ’руагътой сæ фыды революцион традпцн. Георгийы хистæр фырт Гришæ сспс Хуссар Ирыстоны партион организацийы зынгæ архайæг. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты бæрнон бынаты кусгæйæ, ак- тивон хайад райста Кавказ бахъахъхъæныны. Куыста обл- æххæсткомы сæрдарæй, обкомы фыццаг секретарæй, ныртæк- кæ та кусы Гуырдзыстоны ЦК аппараты бæрнон Оынаты. Гри- шæ йæ иузæрдион куысты тыххæй райста цалдæр хорзæхы. Георгийы дыккаг фырт Антъон лæгдеинадæй фæстæ ни- цæмæй зад йæ хистæр æфсымæрæй, фæлæ йын фашистон абырджытæ ссæдзаздзыдæй йæ цард æрдæгыл аскъуыдтой. Антъон райгуырдис Дзауы районы ЖнжоГпы хъæуы, ахуыр 473
кодта Дзауы астæуккаг скъолайы, уыдис цæвиттойнаг фæском- цæдисон, æхсæнадоп куысты раззагон, спорты алы æмæ алы хуызты ерысты бирæ хæттыты æрцыд хорзæхджын грамотатæ æмæ премитæй, уыд лыжæтыл бырынæй Гуырдзыстоны рес- публикæйы чемпион, йæхигъæдæй сахуыр кодта киномехани- чы дæсныйад. Антъон уарзта Хуссар Ирыстоны партизанты хæтæнты — Къастауы комы, Ивар хъæд æмæ Раройы æфцæгыл цуан кæнын, Георгийы фыртæн йе спортивон арæхстдзинад стыр ахъаз фæцис Советон Æфсады рæнхъыты цæвиттойнаг хæстон суæвынæн. Уый Сырх Æфсадмæ бархийæ ацыд 1938 азы, акти- вон хайад райста япойнаг самурайты ныхмæ тохы Халхийголы цады цур, Ныгуылæн Украинæ æмæ Ныгуылæн Белорусси ссæ- рибары, финты ныхмæ хæсты та хорзæхджын æрцыд Сырх Ты- рысайы орденæй. Антъон сыбираг дивизийы рæнхъыты 1941 азы 7 ноябры Мæскуыйы Сырх фæзуаты хайад райста историон парады. Байхъуыста Сæйраг Хистæркомандæгæнæг И. В. Сталины лрограммон раныхасмæ æмæ уырдыгæй йе’ мбæлттимæ стыр энтузиазмимæ ацыдысты комкоммæ Калинины фронтмæ, тохы быдырмæ. Санахъойы фырт бахауд Тнхвины цур карз тохты дæр. Бирæ сармадзаны иæмгуытæ фæуагъта фашисттыл, систа уы- донæй йæ зæрдæйы маст. Фæлæ хъæбатыр иронæн 1941 азы 16 ноябры знаджы судзгæ нæмыг йе ’взонг риуыл сæмбæлд. Санитарон батальоны Антъоны цытимæ бавæрдтой Ле- нинграды областы Тихвины районы, Михайловскы хъæуы кæ- ронæй Цæгатырдæм цы1 фæндаг цæуы, уымæй 200 метры æд- -дæдæр. Уыдон Дзауы ^ефсæддон къамисармæ фыстой: «Сана- хъойы фырт Райгуырæн бæсгæйы сæрыл тохы, æфсæддон ард- бахæрдыл æнувыд уæвгæйæ, равдыста хъæбатырдзинад, лæг- дзинад, фæлæ æвирхъау тохы хъæбатырæй фæмарди». Антъонæн* й<æ хæстон хæлæрттæ Дзаумæ æрæрзыстой йæ дзаумæттæ, йæ зæронд мад сыл зæрдæбын хъарджытæ фæ- кодта, стæй сæ Жижойты уæлмæрды рæсугъд мохъоты бын баиыгæдтой. .^
Гаглойты Григол ЛДÆЯМАДЖЫ ЦАРДВÆНДАГ науыры район. Уыд фæззыгон райсом. Арвыл лтигъы къæм нæ уыди. Хур тæргайгæнæджы каст кодта... Нæ автобусыл уыйбæрц адæм бадти æмæ, уæззау рынчынау, хъæр- зыдта. Уæддæр æй асфальт фæидаг æрцардта, æндæра нæ рези- нæ «дзабыртæ» тъæппытæ ахаудаиккой. Æппынфæстаг, æрлæу- уыд райцентры. Хъуыддæгтæ бирæ уыдысты æмæ кæуылты баизæр, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Хур иыттылд фæсрагъ. Æрталынг. Æз мæ фæндаг скодтон уазæгдонмæ. Фæлмæн уддзæф хъазыди бæлæсты æрдæгбур сыфтæртимæ Адæмæй бирæтæ сæ хæ- дзæрттæм тындзыдтой кинойы фæстаг сеансæй. Сæ ныхæстæй бæрæг уыд, кинофильм «Ирыстоны хъæбул» сæ зæрдæмæ кæй фæцыдн, уый. Фалдæр, парчы бæлæсты бын, лæууыдысты л&п- путæ æмæ-иу райхъуыст се ’хсызгон худт. Бæрæг уыд, се ’хсæн цы «гуыппырсар» лæппу лæууыд, уый сæ кæн худын кодта йæ цыргъ ныхæстæй. Мæхъустыл ма дзы ауади: «Ахæм чызг уыд, ахæм, æмæ мæ’^уд йемæ фæцæйхаста»... . . )," Æз уазæгдоны асинтыл схызтæн дьгккаг уæладзыгмæ. Дæр- гъæй-дæргъмæ*къæлидоры тæмæнтæ калдтой Ильичы цырæгъ- тæ. Уазджытæ кастысты телевизормæ. Бахостон директоры кусæк уаты дуар. Стъолыл бадти бæрзонд, бæзæрхыг лæг æмæ 475
гæххæттытимæ архайдта. Уый мæм йæ кæсæнцæстыты сæртьг ракаст, йæ даргъ рихитæ адаудта æмæ йæ мидбылты бахудти. — Бар уæм ис? — Мидæмæ, — мæ хъустыл ауад йæ фæлмæн ныхас... Махæн бацайдагъ ныхас. Алы адæймагæн дæр ис йæхи цард- вæндаг. Кæй хъысмæт чысылæй фæстæмæ асайы зын æмæ дæрзæг, кæй та æнцон æмæ лæгъз фæндагыл. Виктор дæр дзæв- гар асимдта уыцы дæрзæг фæндæгтыл. Уый райгуырди Гудза- ретгомы, иу чысыл хæххон хъæу Одетьг. Кæддæр, раджы зама- ны, Викторæн йæ фыдæлтæ Дзауы ком ныууагътой æмæ уым равзæрстой сæхицæн цæрæнуат. «Сыгъд кæдæм цæуыс — уырыд- мæ», — афтæ рауад сæ хъуыддаг. Æниу уæды рæстæджы цар- ды цин та чи зыдта... Ацы Æмбисонд баййæфта уыдоны дæр. Æцæг Гудзаретæн йе ’рдз рæсугъд у. Дардыл стыйæтар хъæд- тæ. Чердæмфæнды фездæх — æвдадзы хосы хуызæн суæрттæ æмæ, цæстысыгау, рæсугъд æмæ уазал суадæттæ. Уыдон сты рагæй фæстæмæ уыцы комбæстæн сæ хъæздыгдзинад. Æмæ æндæр ницы хъуыди?.. Бирæ цыдæртæ. Уæлдайдæр та скъола, фæлæ паддзахы заманы уый та кæм уыди... Виктор дæр чысылæй ахуырмæ бæллыди, фæлæ кæм?.. Уый бæсты- цыдис уæлыгæс, хызта сæхи, стæй сыхæгты фос. Гъе, уый дын скъола. Фæлæ йæ амондæн Октябры чарт ссыгьди. Одеты хъæуы байгоми скъола. Виктор йæ гæрзтæ рабаста скъоламæ, фæлæ йæ фыд Никъала йæ разы ныццæхгæр. «Уæд нæ дарæг фос бирæгъты холы фæуыдзысты æмæ ма цæмæй цæрдзыстæм». Лæппу нынкъард, йæцæсты бынтæ нал сур кодтой. Никъалама^ ахуыргæнджытæ Санахъоты Захар æмæ Пæррæстаты Тотыр бахатыдысты æмæ сразы, йæ фырты ауагъта скъоламæ. Виктор ам каст фæци райдиан скъола -æнтысгæйæ. Сфæнд кодта дард- дæр ахуырмæ ацæуын, фæлæ та йын уый бæсты йæ фьгд йе ’ртты ныссагъта фыййауы лæдзæг. Æвзонг лæппу Цхинвалы никæй зыдта æмæ тыхсти. Æхсæ- вы тар-иу æй кæм æриййæфта, уым-иу сбон кодта... Уый уыдис 1924 азы. Цхинвалы дæр иугай скъолаты йедтæмæ нæма уыдис^ нæ барухси йæ зæрдæ æмæ Виктор ацыд Цæгат Ирыстонмæ. Цъус рæстæг акуыста Садоны æрзæткъахæнты, æрбамбырд кодта йæхицæн æхцайы фæрæзтæ, фæлæ йæ куыст йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Уымæн йæ хъуыды баст уыди æрмæст скъолаимæ, ахуыримæ. Хуыцауы конд адæймæгтæ бирæ ис æмæ йæ куы базыдтой, уæд ын бауынаффæ кодтой горæтмæ ацæуын. Вик- торы дæр ма æндæр цы хъуыд. Æрмидæг Владикавказы æмæ бацыд горæты адæмон ахуырады хайадмæ. — Æз уырыссагау рæстмæ нæ зыдтон, æмæ ахуыры хайы хистæр та иронау, афтæмæй нæ иу дæр тыхсти æмæ не ’ннæ дæр^ — зæгъы Виктор, — фæлæ ссардтон тæлмацгæнæг. Уыдон мын мæтыхст куы базыдтой, уæд мæ арвыстой, Алагирьгцы 7-къла- сон скъола уыди, уырдæм, снысан мын кодтойЮсомы стипенди. 476
Скъолайæн иумиаг цæрæндæттæ нæ уыди æмæ дыууæ мæйы куы кæй мæнгагъуысты æхсæвиуат кодтон, куы кæй. Бирæгъау уыдтазн куы фырæфсæст, куы фырæххормаг... Цард тох у, фæзæгъынц, æмæ Виктор дæр тох кодта. 1927 азы каст фæци техникум æмæ нæ агротехникæй арвыстой Цæ- цæнмæ. 1931 азы Виктор йæ лæппуйы кары бацыд. Æрыздæхт сæхимæ — Гудзаретмæ, фæлæ йæ зонынадæй уæддæр йæ зæр дæ нæ рухс кодта æмæ бацыдис Тбилисы хъæууон хæдзарады ]1нститутмæ. Уæд хъæуты кадртæ нæ фаг кодтой æмæ институт нæ фæци, афтæмæй йæ партийы Боржомы райком ракодта æмæ йæ сæвæрдта Гудзареты хъæуæххæсткомы сæрдарæй. Райдыдта кусын куыд хъæуæххæсткомы сæрдарæй, афтæ астæук- каг скъолайы ахуыргæнæгæй дæр. Ам бауарзта ахуыргæнæ- джы куыст æмæ 1938 азы бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадоп недиистнтутмæ. Æртыккаг ’курс фæци, афтæ ныггуыпп кодта Стыр Фыдыбæстæшн хæст æмæ Виктор ныллæууыди тохы фæндагыл 1942 азы.’Уый бацыд Сталинграды æфсæддон-поли- тикон ахуыргæнæндонмæ. Æртæ мæйы фæстæ райста кæстæр лейтенанты чин. Снысан æй кодтой политикон хайы ротæйы командиры хæдивæгæй. Райста хæцæнгарз йæ къухмæ. Цырынæй-цырындæр кодта тугкалæн хæст. Не ’фсæддонтæн æхсæз æмæ бон уыдысты иу. Цæстытыл хуыссæг нæ хæцыд. Кæ- нæ мæлæт, кæнæ фашисттæ хт^уам,æ сæ цæстæй ма феной Ста линграды, — афтæ уыд сæ лозунг нæ хæстонтæн, Виктор дæр бьгрста размæ йе ’мбæлттимæ’ иумæ. Нæмыг куырм у, судзаг. Иу сæумæрайсом сæ ротæйы хæстонтæ размæ куы абырстой æмæ гитлеронты сухты цагъц куы кодтой, уæд сæ командир Масловский фашистты маргæйдзаг нæмыгæй мард фæци. Командæкæнынад йæхимæ райста æвзонг лейтенат Виктор. Алчи дæр зоны Сталинграды тохтæ куыд карз уыдысты. Ам Виктор дæр фæци уæззау цæф æмæ бахауд госпиталмæ. Йæ хъæдгæмттæ æххæст нæма адзæбæхсты, афтæмæй йæ арвыстой Белоруссы Краснопольскийы райвоенкоматмæ. Ам кæд нæмгуы- ты æхсидтмæ нал хъуыста, уæддæр æицондæр нæ уыд куыст. Цæттæ кодтой хæстонты æмæ сæ æрвыстой фронтмæ. Нæ хъæбатыр æфсад Белоруссийы зæххæй хъиладзагъдæй фæтардтой фашистон æрдонгты, фæлæ Уæддæр фæсфронты не ’фсæддонтæ æмæ æиæхæцæг адæм æдас нæ уыдысты. Белорус- сийы тархъæдтæ семыдзаг уыдысты Власовонтæ, стæй, немы- цæгтæй аирвæзыпы фадат кæмæн нал фæци, уыдонæй. Уыдон сусæгæй куынæг кодтой нæ хæстонты, æхсæвыгон бырстой хъæутæм æмæ мардтой, белоруссæгтæй Советон Æфсады хъæбатырдзинад чи æвдыста, уыдон бинонтьг, арт сын æфтыд- той сæ хæдзæрттыл. Уæлдай фыдмитæ та кодтой коммуни- стты бинонтæн. — Мах военкоматы куыстам 8 афицерæй, — зæгъы Вик- 477
тор,— уæд мæнæн лæвæрд æрцыдп уыцы абырджыты скуыиæр. кæныны хæс. Радтой мын цыппор хæстоны æмæсæфæдыл баф- тыдыстæм. Бынæттон цæрджыты, æххуысмæ гæсгæ æиæхъæи мэр,й уыдонæй æрцахстдм 250 фыдгæнæджы. , Уыдон гæрзифтонг уыдысты æмæ райдианы нæ ныхмæ тынг лæууыдысты. Арæх-иу пын æнæхъæн сахатты æхст бацай- дагъ семæ. Се намонд базыдтой æмæ удуæлдайæ дæр еæхи наэ-, лæвæрдтой. Иу хатт нæм иу зæронд лæг фæхабар кодта, зæгъгæ, нæ хъæумæ арæх æрцæуы дыууæ «æфсæддоны» хæринагагур. Уыдон зæрдæхсайгæ стьг æмæ уæхæдæг зонут... Сæхи тынг хи- зынц советон хæстонтæй. Искуыцæй куы фæзынынц, уæд уыдон та хъæдмæ айсынц сæхи. " Уæд мах æртæйæ схуыссыдыстæм бæхуæрдоны гуыффæйы æмæ нæ уæлæ ныккалдтам хъæмп. Зæронд бæхтæрæджы ба- фæдзæхстам, цæмæй нæ уыцы хъæумæ баласа. 4 Хорз æрымысыдыстæм, æвæдза. Аласта нæ æмæ хъæугæ-, ронмæ куы бахæццæ стæм, уæд нæ фыдгæнджытæ базыдтой, иу хæдзарæй рагæппытæ кодтой æмæ лидзынмæ фесты хъæдмæ. Мах сæ æхсын сагайдтам æмæ дыууæйы дæр цæфтæй æрцах- стам. Хъæуы адæмнын бирæ фæарфæтæ кодтой, уыцы, фыд- гæнджытæй сæ кæй фервæзын кодтам, уый тыххæй. Сулæфы- дысты, мæгуырæг, сæ риуыдзаг. — Æмæ цал æмæ цал хатты уыд ахæм цаутæ... Бирæ уыдысты, йæхи загъдау, ахæм цаутæ. Хæстæн йæ кæрон <æрцыд. Фашисттæй ма удæгас чи зади, уыдон тугамæхст, удаистæй лыгъдысты фæстæмæ Германмæ. Æрхæццæ сæ царды кæрон. Бердины сæрмæ , сæрттывта уæла- хизы тырыса. '’, ’ , , • . Хæсты фæстæ Санахъоты Виктор Аспиндзайы военкоматы фæкуыста æхсæз азы, стæй та Хуссар Ирыстоны областон воеи- коматы. Йæ хорз куысты тыххæ.й йæ арвыстой Знауры районы- военкоматмæ æмæ дзы фæкуыста 1956 азмæ. Санахъойы фырты нæ хицауад ахæм æнувыд æмæ хæрзи- уæгон куысты тыххæй схорзæхджын кодта Фыдыбæстæйон. Хæсты II къæнхæны орден, Сырх Стъалыйы орденæй æмæ фонда медалæй. ’ . , Цард доны къусæй уæлдай нæу! Æдзух æнхъæвзæнтæ кæны фæйнæрдæм. Викторæн’дæр азтæ!уæззаугай йæ уæхсчытыл æр- уæз кодтой æмæ ацыди пенсийы. Фæлæ уæддæр куыстахуыр,. Уæнгфидар лæгæн иу ран бадын зын у. Виктор ныр та кусы Зйауыры райцентры уазæгдоны.директорæй. Канд районы цæр- джытæ нæ, фæлæ ма ардæм æхсæвиуат кæнынмæ чи цæуыг уыцыуазджытæ дæр уайтагъд схæлар вæййынц. Викторимæ.! æм^.йын æрвылбон дæр зæрдаёхæларæй фæдзурынц: «Дæ райгЛ сой хорз, дæ бон хорз’, де зæр хорз!» г | (Йæ дыккаг райгуырæн хъæу ссис Знауыр. Афтæ у адæйма- дж;^ цардвæндаг. «►
Асаты Реуаз К Ъ 0 С Т А [вæдза, æрдхæрæн у Ирыстоны æрдз, æмбисонды рæсугъд! Мæ хæдзары балкъонæй арæх фæкæсын нæ урссæр хæхтæм.Хорз мæм зынынц Леуахийы уынгæг ком, Згъудеры цъæх-цъæхид хъæд. Хъæды астæуты уырдыгмæ æвзистгъуызæй тæхы чысыл Леуахийæ Уанаты къанауы дон. Уыныи ирон При- сы хъæу Згъудеры хъæды сæрмæ, къуылдымы хуссар фахсыл. Уæлвонгæй фæлгæсы 13 коммунары обелискмæ. Ирон хъæу Прис. Ам 59 азы размæ райгуырдис лæппу æмств йыл Хетæджы кадæн сæвæрдтой Къостайы ном. Сиукъа- ты Малхазы фырт Дауыт -æвадат лæг уыд. Фæлæ лæппуйы куывды фаг ссардта цæхх ’дæр æмæ кæрдзын дæр.. Ам рæзтис æмæ ахуыр кодта райдиан скъолайы зæрдæргъæвд лæппу. ( Мæ разы ис Сиукъаты Къостайæн йæхи къухæй фыст ав- тобиографи, кадртæ хынцыны сæрмагонд сыф, йæ партион характёристикæ, Мæскуымæ йæ дарддæр ахуыр кæнынмæ кæй фæндыд, уый тыххæй куырдиат. Йæ биографи куы фыста, уæд ыл 30 азы дæр нæма цыдис, Фæлæ цымыдисагу йæ цард æмæ йæ куысты фæндаг. Мæгуыр зæхкусæг лæджы фырт фыста:, \ <сМæ райгуырæн хъæу Присы. кодтон зæххы куыст. Ста- линиры фæллойадон скъолайы фæстæ каст фсæдæ’н ;ко!Имун.и- 4<7^
стон фæсивæды скъола, 1927 азы уым бацыдтæн фæскомцæди- ты рæнхъытæм. Уыцы рæстæджы кусгæ дæр кодтон типо- графы дамгъæвзарæгæй. Каст фæдæн кусфачы къурсытæ. 1934 азы ахуырмæ ацыдтæн Мæскуымæ Хурыскæсæны адæмты ком- мунистон универсптетмæ. Уый агъоммæ, 1931 азы, бацыдтæн Коммунистон партийы рæнхъытæм. Мæскуыйæ фыццаг аз улæфынмæ куы рыздæхтæн, уæд мæ партийы областон коми- тет кусынмæ арвыста». Райдыдтон хæдзарадон æма? æхсæнадон фæллойы азтæ. Типографы партбюройы æмæ комитеты уæнг, агитколлективы сæргълæууæг, парткабинеты, фæскомцæдисы обкомы æнæпгга- тон пропагандист, партийы Хуссар Ирыстоны обкомы лектор, пленумы уæнг. Æмæ ма кæронæй бафыста: «Партийы генералон хаххæй никуы фæзылдтæн æмæ ра- тас-батас дæр никуы кодтон». Æмæ Сиукъаты Къоста Коммунистон партийыл æмæ Рай- гуырæн бæстæйыл æцæг кæроимæ æнувыд кæй уыд, уымæн æвдисæн сты, йæ хъуыддаджы цы партион характеристикæтæ баззадысты, уыдон. Æрбалæууыд 1941 азы 22-æм июны хуыцаубон райсом. Фæдисы уадтымыгъ æрбарæдывта Сиукъаты Къостайы уæ- зæджы дуар. Æмæ фæцыдис ирон лæппу лæгæвзарæн хæстмæ... Æмæ ныр, дыууын авд азы фæстæ, кæсын, К’ъоста Сырх Æфсады рæнхъытæй цы вæрдæбын фыстæджытæ фыста йе ’мкъай Олямæ, уыдон. Кæсын æмæ сæ кæрæй-кæронмæ бæл- вырд бæрæгæй зыны цардбæллон, сывæллæтты, бинонты æгæ- рон чи уарзы, стæй цыфыддæр знагыл мах æнæмæнг кæй фæ- уæлахиз уыдзыстæм, уый стыр ныфс кæмæ ис, ахæм адæйма- джы æрмдзæф. Мæнæ, рæстæджы комулæфт сæ гæххæтты хуыз, сæ фыст кæмæн систа, уыцы фыстæджытæй цалдæр бы- наты. 2. 5. 1942 аз. «Оля, куыд цæрут æмæ цæмæй цæрут цымæ?.. Кæд истæмæй хъуаг æййафай, уæд-иу ауæй кæн мæ дарæсæй исты. Сывæллæтты цух мацæмæй ныууадз æмæ дæхимæ дæр дзæбæх зил, æндæра сын ды куы фæрынчын уай, уæд»... — фыссы уарзæгой, аудæг фыд æрвгъуыз цъæх гæххæттыл иро- нау латинаг дамгъæтæй. Дарддæр ныфсытæ æвæры йæ къайæн, йæ цардæмбалæн: «Ардыгæй цæуæм а-дыууæ боны... Ныр, æнхъæл дæн, æмæ хæсты быдыры ’рдæм у нæ фæндаг. Тæрсгæ ма кæн, Гитлеры куыйты ацы аз цагвд фæуыдзыстæм æмæ та хъæлдзæг цард кæндзыстæм». 14. 5. 1942 аз. «Райгуырæн бæстæйы раз æххæст кæнын мæ хæс æмæ хъахъхъæнын нæ арæнтæй сæ иуы. Цы бынаты уцдыстæм, уырдыгæй дард ацыдтæн. Мæ мæт ма кæн. Дæхимæ æмæ дæ сывæллæттяэмдæр дæ хъус»... фыссы са’у къаранд’асæй 480
бурбын хъæбæр, дæрзæг гæххæттыл ныр та уырыссагау. 26. 7. 1942 аз. «Оля, ныххатыр мын кæц, афтæ дæм кæй фыссыи, уый тыххæй... зын у; тынг зын у^зæрдæйæн, уæлдай даэр, æнæхæцæг цæрджытæн фашисттæ цы сырдон митæ кæ- 11ынц, уыдон тыххæй газеты куы кæсьш, уæд». _ , Хæстмæ куыд æввахсдæр кæны Советон Æфсады афицер-- батальоны командиры хæдивæг, хистæр лейтенант . Сиукъаты Къоста, афтæ тынгæй-тынгдæр æхсиды маст ’йæ з-æрдæйы, карзæй-карздæр кæны йæ фыдæхдзинад- фыдызнагмæ, йæ зæр- д,æ ныр размæ тынгдæр æхсай’ы, тындзы, лæгæрды фронты разеаг хахмæ. Уымæн æм’æ зоны, йæ бинонтæм, йæ дыууа^ худгæ хурмæ фæндаг хæсты быдырыл æввахсдæр, у. Æвзонг, фæлæ фæлтæрд къамисар æхсæвæй-бонæй цæттæ кæнытохмæ йæ батальоны хæстонты. • ■ „ Х!æсты цæхæрм<æ, фыдгултæй нæ адæмы._масг райсыимæ пæ разæнгард кæнынц йæ чысыл ныфсы мæсгуытæ- — йæ дыу- уæ фырты, йæ удыхайы фыстæджытæ. 10. 9. 1942 аз. «Мæ зынаргъ Оля! Куыдтæ мын цæрыс, куыд у чысыл сабиты æнæниздзинад? Ныртæккæ мæ планше- тæй систон Инал æм<æ Толикы фотоныв. Бирæ сæм фæкастæн. Ох, куыд мæ фæнды ныртæккæ уыдонмæ бæкæсын æмæ сын ахъæбыс кæнын! Фæлæ ницы кæны, мæ бæсты сын ды ныхъ- .хъæбыст æмæ ныпъпъатæ кæн». Фыстæджыты бын кæсын: быдырон пост 1451, 808-æм æхсæг полк, ’стæй 815-æм æхсæг полк. Уьшы полчытæ мæиæн дæр зындгонд сты — 394-æм дивизийы æфсæддон хæйттæ. Нæ 61-æм æхсæг дивизиимæ иумæ уыдысты инæлар-лейтеиант К. Н. Леселидзейы 46-æм армийы сконды æмæ хайад истой Кав- казы.хæхты Марух, Клухор æмæ Санчаройы æфцджытыл. Æмæ уыцы карз, уæззау "тохтæй 20 азы куы рацыдис, уæд Хурныгуылæн Кавказы хæхты, Марухы æфцæгыл Зелен- чукы районы колхоз «Знамя коммунизма», зæгъгæ, уый фый- йау.М. Качкаров цъитийы скъуыдæй систа советон хæстонты стджы’тæ, афтид гилдзытæ, уидгуытæ, уырыссаг æмæ гуыр- дзиаг • æвзæгтыл фыст партион билетты скъуыдтæ. Газетты мыхуыр æрцыдысты, мингай адæймæгты зæрдæтæ чи сынкъуы- сын к!одта, ахæм æрмæджытæ. Марухы ’фцæгыл уыцы траги- кон’ цйутæ ’рцыдысты 1942 азы августы. Хæсты хайадисджытæ хор’з ’зонынц, фæззæджы æмбистæм’, æнахуыр уазал æмæ хъыз- ты, Кавказы хæхтыл цы карз тохтæ цыдис, уыдон. ’ Нёмыцаг-фашистон тыхæтйисджытæ, æппындæр ннцæуыл ауæрстой, сырдау, бырстой Сау.денджызы былгæрæттæм. Фæ- лæ гитлерон абырджыты ра’з слæууыдысты Кавказы айнæг хæхтæ æмæ уыдонæй фидардæр та — хъайтарон Советои Æфсады хæстонтæ. 1942 азы 27-æм августы Марухы ’фцæгмæ схызт 450 хæстон æмæ афицеры. Карз, æнæмсæр тохтыма сæ 31 августмæ баззад 80 хæстоны, фæлæ равдыетой дпссаджы •31* 481
хъæбатырдзинад æмæ фидардзинад, кæд хæцæнгарзцух æма> хæринагхъуаг уыдысты, уæддæр, æмæ иу къахдзæф дæр фæс- тæмæ нал ралæууыдысты. Карз тохтæ сытынг сты Клухоры ’фцæгыл дæр. Уый та’ хъахъхъæдтой 810-æм æмæ 815-æм æхсæг полктæ. Сиукъаты Къоста æндæр æмæ æндæр рæстæджыты куыста дыууæ пол- чы батальонты къамйсарæй. Уый кæд хæсты уавæрты уый- бæрц нал æвдæлдис, уæддæр йæ бинонты нæ рох кодта æкæ- иу сæм тохæй-тохы ’хсæн афыста. . «1942 аз. Салам уын Клухоры ’фцæгæй. 20-æм августæй ам райдыдтам тох кæнын. Ныртæккæ не/фсæддон хай хæцы хæхты... Дыууæ хатты уыдтæн æрхъулайы, фæлæ та-иу тохти- мæ раирвæзтæн». Марух æмæ Клухоры æфцджытыл карз тохты хайад ис- той ме ’мзæххонтæй бирæтæ. Сиукъайы фырт сæхимæ фыста: «Ирæттæй мемæ ис Елбачиты Граф, Бежанты Владими;)- æмæ Къаджайы фырт — кусынц политрукты хæдивджьтрй». 1942 азы 10-æм сентябры Къоста йæ фыстæджы хъусын кодта, зæгъгæ, Тыбылты Никъалайæн йæ къух фæцæф æмæ йæ арвыстой госпиталмæ, Бежанты Владимир та мард фæци. Ие ’ннæ чысыл фыстæджы Сиукъайы фырт фыста, Кавка- зы хæхтыл немыцаг-фашистон тыхæйисджыты ныхмæ тохты хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинад кæй равдыста, уый. тыххæй бавдыст кæй æрцыд Сырх Стъалыйы орденмæ. . Рацыдысты азтæ. Æмæ слæгтæ сты Сиукъаты Къостайы хъæбултæ: сæ иу — Инал — кусы Хуссар Ирыстоны паддза- хадон музейы зонадон кусæгæй, иннæ — Анатоли та.нæ горæ ты донуадзæны хистæр у. Кæй зæгъын æн хъ|æуы, Къостайы бинонты фæнды, сæ дарæг тохы быдыры кæм æрхаудта, кæм ныгæд ис, уый бæл- вырдæй базонын. ССР Цæдисы Хъахъхъæнынады Министрады архивмæ Хус- сар Ирыстоны бæстæзонæн музейæ цы фыстæг арвыстæуыд, уымæн 1969 азы 14-æм февралы райстам ахæм дзуапп: «Советон Æфсады политсконды хыгъды картотекæйы зо- нæнтæм гæсгæ Сиукъаты Дауыты фырт Къоста, 394-æм æх- сæг дивизийы 810-æм æхсæг полчы батальоны камандиры хæ- дивæг (политикон хайы) (фæмардис 1943 азы февралы. Сиукъаты Къ. Д. кæм ныгæд У, уый зонæнтæ Хъахъхъæ- нынады Министрадмæ нæй». Хæстæй рацыдис æнусы цыппæрæм хайы бæрц рæстæг. Хæст хæст у — йæ ном йæ уæлæ ис: чи дзы хъуамæ мæлгæ акæна, чи дзы цæф фæуа, чи та дзы уæлахизæй æрыздæха. Фрвлæ уæлахизы хайбавæрд хъæбатыр æмæ намысджын иума^ уаргæ у, мард у æви удæгас, уæддæр. 482 ^
Хъороты Сослан УЬАЙТАРТÆ НÆ МÆЛЫНЦ. 1бон дæр ма, кæд Стыр Фыдыбæстæйои хæстæй дæс- гай азтæ рацыд, уæддæр, ныуæрст цæхæрау, æмбæхстæй лæу- уынц бирæ зынгхуыст салдæтты хъæбатырдзинæдтæ. ...Уалдзæджы тæмæи. Даргъ, уазал зымæджы фæстæ нæ хæхтæ сæ «фист» акалынц æмæ сæ хуыз скалынц. Гъе, фæлæ адæмы зæрдæ нæ бацин кодта, нæ барухс 1942 азы уалдзæгæй, Цыд хæст. Рæстагон хæст. Адæмæн хаста æнамонддзинæдтæ. Фыдохы уац райстой Згъуыбиры хъæубæстæ, Саулохты Никъа- лайы (Къолайы) бинонтæ. «Хæсты быдыры æбæрæгæй байсæфт уе ’мкъай, уæ фыд Саулохты Никъала». Зæрдæ дыууæ марды кæны, дывыдон вæййы ныййарæг мад нæ бæлццонæй, «æбæрæгæй байсæфт», зæгъгæ, куы райськ уæд. Кæрон нæ уыд Саулохты бинонты фыдохæн, фыстой, фарс- . той, агуырдтой иу бæрæг дзырд, фæлæ алы хатт дæр истой иу дзуапп: «1942 азы майы байсæфт æбæрæгæй»... Æмæ хæрзæрæджы, бынтон æнæихъæлæджы нæ бæстæ базыдта «æбæрæг сæфт салдат» Саулохты Никъала æмæ йæ хæстон æмбæлтты тохы хабæрттæ. .;.Май, 1942 аз. Немыцаг æфсæдтæ Акмонайы бынмæ баф- 483
сæрстой, атыдтой Советон Æфсады фидæртты æмæ тугуадты- мыгъ’ сарæзтой Керчмæ. Æрдæгсакъадах, саст бæласы цонгау, æнкъуыст знаджы танктæ, артиллери, мотофистæг æфсад" æмæ авиацийы бомбæты уæзæй, зæхх пиллон арты сыгъд æмæ сове- тон салдæттæ хызтысты Таманскы былмæ... Фæлæ уæддæр Войковы номыл заводы район, Багеровойы гюселок æмæ Аджимушкайы дурсæттæнты цыд мæлæццаг, æиæ- мсæр тох. Советон Æфсад арвыста арьерга’рдтæ æмæ ,урæдта знаджы размæбырст. Эвакуацийы чи нæ бафæрæзта, уыцы сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ сывæллæттæн Советон Æфсад уа- вæртæ сарæзтой Аджимушкайы дурсæттæнтæм баирвæзынæн. Фашистоп лæгхортæ æппæттыхтæ дæр сарæзтой Советон Æфсады ныхмæ. Фæлæ худинаг йæ сæрмæ ничи æрхаста. Æмæ 398 æхсæг дивизи йæхи æрфидар кодта Аджимушкайы дурсæт- тæнты æмæ баурæдта знаджы размæцыд. Ацы дивизийы æр- тыккаг батальоиы службæ кодта Саулохты Антоиы фырт Ни- къала дæр. Аджимушкæйы дурсæттæнты Советон Æфсад цы хъæбатыр- дзинад равдыста, знагæн цас зиæнттæ æрхаста, уыдон нырма æххæстæй .зындгонд не сты, нæма ссардтой штабы сусæг «сейф», Цæвиттон, ацы дурсæттæнты ахæм бынæттæ ис, æмæ дзы дыууæ машинæйы фæрсæй-фæрсмæ ацæудзысты. Ис дзы ахæм бынæттæ дæр, æмæ дзы иу лæг дæр нæ ахиздзæн. Ам уыд дæсгай мин салдæттæ æмæ сæм цалынмæ хæцæн- гарз, нæмыг уыд, уæдмæ знагæн йæ уд скъуыдтой, размæ йæ къахдзæф нал уагътой. Кæй зæгъын æй хъæуы, немыцæгтæ хъуыддаг бамбæрстой æмæ дурсæттæнтæм æввахс цæуæг нал уагътой, нал дæр æддæмæ рацæуын. Дон. иæ уыд дурсæттæнты. Хæссын æй хъуыд фидармæ ба- цæуæны разæй, Æмæ-иу цæмæй иу ведра дон æрбахастаиккой’, уый тыххæй хъуамæ 10—15 лæджы фæмард уыдаид. Немыцæг- тæ сармадзантæ сарæзтой цъаймæ æмæ дзы æхсæвæй-бонæй хъахъхъæнджытæ дардтой. .., Немыцæгтæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, куы стыхсой æххор- маг, æнæуæлдæфæй, уæд сæхи ратдзысты уацары. Нал уыд бартдзинад. Совинформбюро 20 майы фехъусын кодта; Гитлер та дунейы дзыллæты раз сарæзта . фыдракæнд: Аджимушкайы хæщегсалдæтты ныхмæ спайдакодта газтæй». =. Фæлæ цас цыфыддæр митæ кодта знаг, уыйас советон сал- дæтты зæрдæйы ныфс, хъæбатыдзинад тыхджындæр кодта. Дæлдзæхон фидары салдæттæ æмæ ипнæ адæмæн къухдариуæг кодтои коммунисттæ. Знаг куьг базыдта Керчы хъахъхъæн- джыты фыдбылызы удыхъæды тыххæй, уæд йæ дæсгомыл. йæ Аъух ’систа æмæ дунейы адæмы раз сарæзта ^стыр фыдра-; кæнд, дæлдзæхон мæсыджы хъайтарты куыиæг кæнын систой >.уыдуггæнæн газтæй. Керчы хъæбатыртæ арæзтой, фæздæг кæ- 484
дæм наз цыдаид, ахæм ’камерæтæ, къалидортæ, фæлæ-иу р&у- джытæй лæмæгъ чи разынд, уыдон мардысты. • * Гъе, ахæм уавæрты дæр нæ асаст адæмы ныфс, уæлдай- дæр та се 'уУæнк сомбоны уæлахизыл. Мæнæ куыд фыссы йæ бонæджы Михаил Григоры фырт Поважной: «Хистæр писарь — сержант сарæзта фыццаг рæн- хъон фыстæг. Адæм сты бирæ, продукттæ — цъус. Аразæм æр- вылбонон рацион алы хæстонæн дæр: иу уидыджыдзаг ссад, иу уидыджыдзаг’ пырындз, иу уидыг сæкæр, фондз граммы сой. Дон алчи амал кæнæд йæхæдæг йæхицæн». Фæстаг пуикт.нæ фæцыд хæстонты зæрдæмæ. Рынчынты былтæ фырхусæй, лæхурæг картофау, афæстытæ, аскъуыдтæ стьг. Уыдонæн дон амал хъæуы. Æмæ æрхъуыды кодтой. Царæй-иу цы иугай æртæхтæ æртагъд, уыдон сафын нæ хъæуы. Джебогъы бырынкъæй рай- дыдтой къахын къæдзæхы цар. Скъахтой дзы хуынкъ, цинелы фæччийэе .нарæг уаццаг рауагътой, бафидар æй кодтой къ’ахты æмæ. йын йæ бынмæ бавæрдтой агуывзæ. Цары хидтæ, æртæх- тæ цъырдта фител æмæ тагъдысты агуывзæмæ. Æмæ-иу’ уы- мæй айсæрстой рынчыны былтæ, æвзаг... Гъе, ахæм уавæрты фæтох кодтой Советон Æфсад фондз мæйы бæрц. Ахæм хъæбатырдзинад чи равдыста, уыцы хъæба- тьтртæй иу уыд Саулохты Никъала. ’ . Никъала. ’æвадат æмæ ихсыд зæхх Згъуыбиры райгуырд 1909 азы. Нæ федта, нæ бавзæрста мады рæвдыд, цин. Хæрз къаннæгæй баззад сидзæрæй, схъомыл æй кодта йæ фыды мад Мæхъион. Хуссар Ирыстоны Советон хицауад куы ’рфидар, уæд Ни- къала йæхи айста куысты фæдыл. Æртынæм азты кусын рай- дыдта Цхинвалы типографийы. Куъютæй, дам, ын бафсис нæ уыд, фæллайын нæ зыдта, æмгар, коллективы тыххæй йæ уд лæвæрдта, — абон дæр ма йæ мысынц йе ’мкусджытæ Хъуы- лымбегты Герсап, Мамиты Степан, Гæззаты Заликъо æмæ æн- дæртæ. . 1940 азы Дзауы районои типографи куы байгом, уæд Ни- къалайы, куыд раззагон кусæг, афтæ арвыстой ног типографи- мæ кадртæ бацæттæ кæныны тыххæй. Стыр Фыдыбæстæйы хæст æй æрæййæфта Дзауы æмæ уыр- дыгæй араст Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. 1966 азы Никъалайы лæппу Феликс, йе ’фсымæр Хъырым райстой фыстæг. Фыстæджы уыд фыст: — «Æрæджы махмæ, Керчы, не скъолайы ахуыргæнинаг Лукяньченко Валерий Аджимушкайы дурсæттæны ссардта æртæ хæстон салдаты стæгдартæ æмæ 398 æхсæг дивизийы æртыккаг батальоны до- кумемттæ. Уым цы номхыгъд разынд, уым ис Саулохты Антоны фырт Никъала дæр. Зыиаргъ æмбал! Баххуыс нын кæн ацы салдаты, намæ йæ æввахсдæр хæстæджытæй искæй ссарынæн. 485
Чи зоны, йæхæдæг гас у æмæ нып радзура, Керчы сæрвæлтау куыд тох кодта, уый тыххæй. Æппæт æрмæджытæ æмбырд кæнæм не скъолайы, Хъæба- тырты Кады музейы. Пионерты саламимæ г. Керчы Советон Цæдисы Хъайтар Вёрæ Беликы номыл 17-æм скъолайы «Б» къласы ахуыргæни- кæгтæ».-, \ , . . " ,Фыстæджы фæстæ Керчы балæууыдысты Саулохты Хъы- рым æмæ Феликс. Уый кæуылты бæрæгбон уыд скъоладзау- тæн! Уазджытæн равдыстой сæ музей, акодтой сæ Аджимуш- кайысе ’фсымæр, сæ фыд кæм тох кодта, уыцы историон бы- пæттæм. Уын тыххæй фыстой журнал «Огонек», газеттæ «Сове- тон Ирыстон», «Вечерний Тбилиси», «Дзау» æмæ æндæртæ. Нцртæккæ Саулохты Никъалайы портрет, йæ документтæ, йæ партион билет сты Керчы 17 скъолайы æмæ горæты Хъæбатыр- 7ы.« Кады музейы. . Фæлæ уæддæр æххæстæй бæрæг æмæ фыст не ’рцыдысты Аджимущкайы «дæлдзæхон гарнизон»-ы сусæгдзинæдтæ. Тагъд ардæм уагъд æрцæудзæи электроны рухс. Уæд ссардзысты «дæлдзæхон гарнизон»-ы боныгтæ, документтæ. .- Хъайтартæ нæ мæлынц. Æнустæм цардæгасæй лæууы Ни- къалайы рухс ном йæ бинонтæ, йæ зоигæты зæрдæйы. Асæрды згъуыбирæгт’æ, сæ хъæуæй, Стыр Фыдыбæстæйы хæсты цы 43. хъæбатыр хæстоны фæмард, уыдонæн сарæзтой, йæ бæрзæнд 5 метры кæмæн у, ахæм цырт. Цыртыл фыст ис зынгхуыст хъæ- батырты мыггæгтæ, иæмттæ æмæ фыды пæмттæ. а
Андиаты Мæхæмæт ТЫРЫСА СÆМБÆЛД ИÆ ПОЛКЫЛ ’у бои, фæсснхор, не ’фсæддонты къорды хъалдгæрон бафиппайдтой фашисттæ. Уыдон пыхмæ сыстад зпаджы æнæ- хъæн полк. Бацайдагъ карз тох. Рацыдаид, æвæццæгæн, са- хаты бæрц, уæд гитлеронтæ Санибамæ æрбахастой Сырх тыры- са æмæ йæ æрæвæрдтой Табеккаты хæдзармæ хæстæг. Хади- зæт акъоппæй схызт æмæ бацыд уырдæм. Немыцæгтæ ныхæс- тыл куы фесты, уæд ус тырысамæ бавнæлдта. Уый адыл æй афицер нылгъыста æмæ дзæхст уадулæп. — Цалдæр мæйы мæ цæсты саутæ не ссыдысты, — зæгъы Хадизæт. Тырыса ахастой æмæ йæ Газиаты Хамырзæйы ныккæндмæ пыппæрстой. Хадизæт дæр йæ цæстыл хæцгæ рацыд. Амбæл- дис ыл Кокайтæй иу зæронд лæг (Хадизæт æй нæ зыдта — æп- дæр хъæуæй æрбафтгæ уыдис). Уый йын загъта, зæгъгæ, уыцы тырыса стыр хæзна у/ Æмæ дæ маргæ кæй нæ акодтой, ууыл цин кæн. Дарддæр ын бамбарын кодта, тырысайæн æфсады цы стыр ахадындзинад ис, уый. Зæронд лæг фæстагма» загъта: «Ех, байтамап/’ныр уый къухты бафтыдпс æмæ йæ пæхионтыл сæмбæльш кæн»... ^87
Ус иицы дзуаип радта лæгæн. — Ницы йæм сдзырдтон, кæд мæ, зæгъын, къахгæ кæны,— йæ хабæрттæ нын кæны Хадизæт. — Фæлæ мæ кæй бафхæрд- той, уыцы мастимæ ма мæ зæрдæмæ райстон, тырыса æцæгдæр стыр диссаджы хæзна кæй у, уый, æмæ сфæнд кодтон: æз уыц æй куы нæ афардæг кæнон. Уыцы бон фашистты нæхионтæ æхстой Уæллаг, Санибайæ, стæй Джызæлы сæрмæ хъæдæй. Изæры фашисттæ бань&той æмæ ныффынæй сты. Уыдис сæудар æхсæв. Хадцзæтыл хуыс- сæг пæ хæцы. Хъуыды кæны, йæ фæнд куыд баххæст кæна, ууыл. Фæсæмбисæхсæв сылгоймаг йæ сабиты фынæйæ ныу- уагъта æмæ йе ’ргом сарæзта Газиаты хæдзармæ. •- Куы мæ ’рцахстаиккой, уæд сын загътаин: «Мæ сывæл- лæттæ æххормагæй кæуынц æмæ сын къæбæрагурæг цæуын, — æфсонæн æрхъуыды кодта Хадизæт. Цæуы, цæуы хъавгæ æмæ йыл иу æмбæлæг нæй. Æрбахæццæ йæ нысанмæ. Никæуыл хæст кæны цæст. Ныххызти ныккæндмæ. Асгæрста талынджы. Мæнæ. Систа тырыса. Йæ хъæдæй йæ фефтыдта. Йæхиуыл æй атыхта кофтæйы мидæгæй. Рацыд. Дыккаг бон райсомæй ус йæ бадæн аивта. Сæрæй минут дæр нæ цух кæиы, дысон цы фæндæгтыл ауадис, уый: «Ныр хъæмпы рæгътыл арт куы бандзарой, æмæ тырыса дæр куы басудза...» Рæстæг цæуы. Æризæр та. Тар æхсæв. Уыцы ’фсо- нæй та ус араст — кæм уынгты, кæм цæхæрадæтты. Мæнæ уыцы рагъ. Раласта тырыса. Гыццыл белæй æрхы был акъах- ча дзыхъхъ æмæ дзы тырыса аныгæдта. Уымæн йæ райсомы гитлеронтæ æддæг-мидæг ауадысты, хъæр æмæ ахст кæнынц, уæлдайдæр сæ афицертæ. Хъæуы Ха- дизæты йедтæмæ ничи уал баззади. Кокойты зæронд дæр нал фæзынд. — Кæд æй æхсгæ фæкодтой, кæнæ та йæ искуыдæм арвыс- той, нæ зонын, — загъта Хадизæт. — Мæн мæ къабæзтæй.æрба- давтой афицерты размæ. Уыдон мыл хъæртæ кæнынц. Фæр- сынц мæ. Æз нæ дæр немыцаг æвзаг зыдтон, нæ дæр уырыс- саг, æмæ сын цы загътапп. Чи-иу фæхъæр кодта, уымæ та-иу бакастæн. Стæй мæ ныууагътой, уæдæ цы уыдаид. Рацыди къуырийæ фылдæр, уæд Хадизæт айхъуыста ирои ныхас. Уыдон уыдысты дыууæ лæппуйы немыцаг æфсæддонты дарæсы. Æрбацыдысты усы цурмæ æмæ ,йæм дзурынц: «Тæрс- гæ ма кæ, нæ мады хай, мах ирæттæ стæм...». — Æмæ ам цы ми кæиут? — фæрсы сæ Хадизæт. — Нæ хъалæй не скодтам ацы дарæс, — дзуапп ын дæтты, йæхи Санатæй чи схуыдта, уый. | Дыууæ къуырийы æви уымæй чысыл фылдæр ма Саниба- йы фесты гитлерон лæгсырдтæ. Ныббырста Советон Æфсад. Сæумæрайсом Санибайы уынгтæ айдзаг сты нæхионтæй. 488
Хадизæт йæ сывæллæттимæ схызтп акъоппæй. Æрбацыд йæ хæ- дзармæ. Не ’ууæнды йæ цæстытыл. Йæ уæлхъус алæууыдысты уыцы Санаты лæппу æмæ йе ’мбал. Уый та йæхи хуыдта Ка- сатæй, Коля. Ныр та сырхæфсæддонтæ. Фæрсынц æй, куыд дæ, цы дæ? Сабитæ дæр æнæфыдбылыз сты? Ныхас ныхасы фæдыл, æмæ Коля афтæ зæгъы: — Зиаджы сурæм, фæлæ ныл стыр бæллæх æрцыд... Ус сæм бакаст: — Цавæр бæллæх? Кæй сæ пырх кæнут, тæрхъусты лыгъд кæй кæнынц, уый бæллæх у? — Нæ, уый хорз у, — дзуры йæм Саиаты лæппу. — Уый дæр сын фаг нæма у, фæлæ нæ тырыса... Полчы тырыса фе- сæфти... — Æмæ уый мæнмæ куы ис! — бахудти Хадизæт. — Уый мæт ма кæнут. Æз æй хорз раи бамбæхстон. Лæппутæ йæм фæлæбурдтой, сæ хъæбысы йæ ныккодтой æмæ азгъордтой сæ командирмæ. Уайтагъд Хадизæты раз алæууыдысты цалдæрæй: — Кæм ис? Кæм æй бамбæхстай? Куыд дæм разынд ахæм хъару, ахæм ныфс? Сырхæфсæддонтæ æмæ командиртæ йæ фæдыл, афтæмæй сæ Хадизæт æрхæццæ кодта хус æрхы былмæ. Ракъахта зæхх. Йæ къабайы тыхтæй сæм радта Сырх Тырыса. *
Таглойты Владилшр «НЫЗЗАРÆМ МА, ФÆСИВÆД!» æ, Никъолоз, иæ, заразджы мелоди хорз æрымы- сыдтæ. фæлæ йæ ныхæстæ æгæр уæлæнгай сты; иу сæ иннæмæй )1æ гуыры. Дæ зæрдыл æй дар, ме ’фсымæр: зарæг зæрдæйы райгуыры, зæрдæйы сфыцы æмæ афтæмæй, маргъы лæппыиау, стæхы. Æвæццæгæн, лæджы зæрдæйæп хорз зарæджы хуызæн æхцоидзипад иицы æрхæссы. Хорз зарæгæн та амæлæн нæ вæй- йы, ме ’фсымæр, зарæг чи скæны, уый амæлы, фæлæ йэс» зарæг баззайы. Антъон æмæ Исахъы зарджытæ чи скодта, уыдон рух- саг уæит, нал сты, фæлæ цæрынц зарджытæ, адæмимæ æрцар- дысты, иу фæлтæр сæ иннæмæ адæтты æмæ сын амæлæн никуы ис. Ды цы зарæг скæнынмæ хъавыс, уый дæр ахæм хъуамæ уа, хорз æмбалау, лæгæн хъуамæ æххуыс кæна фæндагыл дæр, йæ куысты дæр, йæ цины дæр, йæ хъыджы дæр. Зарæг цард у, цард та æнусон у, — амыдта Уанкъа йе ’фсьщæрæн. — Æз дæр æп æмбарын, Акко (афтæ хуыдта фырбуцæн Ни- къолоз йæ хистæр æфысмæр Уанкъайы), фæлæ мын ныхæстæ куыддæр кæрæдзийыл нæ бадынц, — цыма стыр аххосджын фæ- ци йе ’фсымæры раз, уыйау йæхи раст кæныныл схæцыд Никъо- лоз. — Ды зарæджы ныхæстæ æрымысынмæ тынг дæсиы дæ, Акко. аххуыс мын кæ. — Хорз зарæджы мелоди, уалдзæджы комулæфт йæ фæдыл дидинджыты куыд расайы, афтæ расайы зарæджы пыхæсты дæр, — загыа сабыр хъæлæсæй Уанкъа æмæ йæ алы фарс, кæрты, фахс дурылбадæг, æфсымæртыл пæ цæст ахаста. Æфсымæртæ, цыма, сæ хистæры иыхасмæ æнхъæлмæ кас- тысты, уынау нæ цуры февзæрдысты. 490
— Цæй, Никъолоз, схъæр кæн, — Уанкъаны хъæлæс бар- чзырды хуызы райхъуыст. Никъолоз систа зарæджы мелоди. Æфсымæртæ йын цадæг- к-ай бахъыриыдтой. Уанкъа ныцæлхъ кодта: «Ой, æмæ нæ Иры сахъ фæсивæд, Нæ зарæг ныккæнæм!» Уаднд Сардо ацахста зарæджы ныхæсты, уыйфæстæ иннæ а фсымæртæ радгай истой зарæг, алчи дæр мысыд ног ныхæстæ :емæ цадæггай кæрæдзи фæдыл мелодийыл ныхæсын райдыд- -юй зарæджы ныхæстæ: -Авд æфсымæры, авд хæххон гуырды диссаджы хъæлæстæ, ;,уыройьгдонау, иу нучы ауадысты, иыззилын кодтой зарæджы чалхы æм’æ дзы’ оиггай уд уадзын райдыдтой. Изæрмилтæ. Нæры зарæг, уарзты зарæг, царды зарæг, нæры чæрзонд æфцæджы хæдрæбынæй, комы райдайæнæй, Едиаты сыхæй, зарæджы ныхæсты изæрыгон сатæг уддзæф йæ базыр- тыл айсы æмæ сæ скъæфы дæлæмæ, Хъорсеугоммæ. Комы хæх- чон тæлтæг дон арæхстгай бахъырны зарæгæн,æмæ дæлæмæ ай- чæгдуртыл, гæппытæгæнгæ, фæлхатт кæны зарæджы ныхæсты. Сабыр, æиæуынæр у æрдз. Уæлийæ рæгътыл, боны тæвды фæстæ, изæрыгон сатæджы райхъал сты мин-мин хæххон диди- 1æджы æмæ сæ хъустæ ныттынг кодтой зарæгмæ. Уад сæм йе фсургъыл абадт, йæхи раскъæрдта æфцæджы цъуппæй, æрка- фыди бæзджын, зад угæрдæнтыл; æмæ уадид сæ мндбынаты мфсимдтой тасгæ-уасгæ кæрдæджы нарæгастæу, тасаг астæутæ. • Мæй дæр цадæгган стылд арвы хъæбысмæ æмæ йыи, цыма, ;арэеджы ныхæстæ кæлæнтæ скодтой, уыйау тæккæ хъæуы сæр- мæ,{'æнæнымæц фæлурс стъалыты ’хсæи ауыгъдæй баззад. Нæры зарæг, уарзты зарæг, царды зарæг, райгуырд ацы æрд- хæрæйнаджы сæрдыгон изæры хæххои чысыл хъæу Едиаты. Райгуырд æмбисонды хуымæтарг, куыстуарзаг бинонты зæрдæ- тæй, Тедеты Паулейы уæзæгыл, райгуырд йæ авд фырты: Уан- къа, Никъолоз, Бури, Заликъо, Сардо, Ягор æмæ Митъушайы зæрдæтæй, базыртæ йыл базад æмæ, цæргæсау, йæхи систа, атахт кæмтты, дæтты сæрты, адæмы зæрдæты йæхицæи цæрæн- бон агурынмæ. Фæсахсæвæртæй ахызт, афтæ сцæттæ зарæг. — Цæй, фаг уал у абон, — загьта, æрæджиау, Уанкъа. — фынæй афон у, зарæгæй ма цыдæртæ мæ зæрдæмæ нæ цæуы, фæлæ йæ сомпзæр асыгъдæджытæ кæндзыстæм. ; Кæстæртæ сæ хистæр æфсымæры ныхасыл пицыуал загъ- той, кæрæдзи фæдыл бацыдысты хæдзармæ. г;Изæрыгоп фæлмæн дымгæ,.цыма, зарæджы зæлтæм æрдæг- вæндагыл бафынæй, ныр — цьша, райхъал æмæ рафсæрста комы ’рдæм, сфæйлыдта угæрдæнты, баузæлыд хæххон сæрыстыр ди- динлжытыл, стæй ныууагъта комы хъæбысы æрдæгфынæй бæл^сты. Мæйдар йæ уацарæя феуæгъд æмæ, цыма, йæ дард ,491
фæндагыл байрæджы кодта, уыйау атыидзыдта Иыгуылæны- рдæм. Фынæй кæны комы хъæбысы Едиаты хъæу. Фынæй кæиынц куыстуарзаг хъæубæстæ, æмбисонды зарæггæнджытæ, фынаей кæнынц сæ сагъæсты, сæ цинты. , Фынæй кæнут, сахъ гуырдтæ, уый ма, æвæццæгæн, уæ фæс таг æнæмæт, æвæлмас фын у. Нæма зонут, кæмдæр царды сау тыхтæ удхæсджытæ кæй феуæгъд кодтой зындоны баст рæхыс- тæй æмæ сау мæлæт кæй æрбахæссынц. семæ. ; ’ , / \ Райсом хур йæ тугхъулон тынтæ фехста хæхты цъуппытыл. Никъолоз сæрвæтмæ атардта колхозы фермæйы хъомты, 'Йæхæдæг,;комы сæрмæ, сæрвæты, йæ лæдзæджы æнцой лæугæ- йæ зарыд, дысон йе ’фсымæртимæ цы зарæг скодтой, уый. Комæн иннæ фарс, æфцæгæй уырдыгмæ, угæрдæны æр- рæхыс сты æхсæз цæвæджджынæй Никъолозы æфсымæрта^. Кæрæдзи быцæуæй æристой æмæ сæ цæвджыты æхсидт кæмдæр комы сæрмæ иу кæны Никъолозы зарæджимæ æмæ парахатæн ивылы дæлæмæ, сæ райгуырæн хъæу Едиатæм. Æрымысыд Никъолоз зарæгæп ног ныхæстæ, ноджы аив- дæр, ноджы зæрдæмæхъарæгдæр. Æрхъæцмæ нал лæууы, тсæд аныгуылдзæн хур æмæ кæд азардзæни йе ’фсымæртæн зарæ- джы. , Хуры тугхъулон цæсгом арвы астæуæй куыд фæуырдыгг афтæ уыцы фарс банцади цæвджыты æхсидт æмæ Никъблозы æфсымæртæ фæдисы цыд ракодтой хъæумæ. Аскъуыд Никъолозы зарæг дæр, йе ’фсымæртæ æнæхъуа- джы нæ ныууагътой сæ куыст, йæ зæрдæ æхсайдта сæхимæ. Бынæй, комы аууæттæ фæзынд æмæ цадæггай схилынц уæ- лæмæ, æфцæджырдæм. Никъолоз рахъæр кодта колхозы фосыл æмæ сæ ратардта хъæумæ. Сæ кæрты тымбылæй бадтысты йе ’фсымæртæ. — Акко, байхъус-ма, нæ зарæгæн ног ныхæстæ ссардтон, — йæхицæй стыр разыпæ загъта Иикъолоз. Фæлæ йын дзуапп нæ радта Уанкъа, цыдæр сагъæсгъуыз уыд йæ цæсгом. — Акко, цыдæр’ бæллæх æрцыдис æмæ мын æй пæ дзурут, — хорзау нал уыди Никъолоз. — Æрцыд, ме ’фсымæр, æ’рцыд, — уæззау ныуунæргъыдта Уанкъа, — хæст райдыдта... Æмæ нæ ныр зарынмæ нал æвдæлЫ. — Раст, цыма зарæг йæ тæккæ ’рдæгыл аскъуыд æмæ цард йæ мидбынат нындзыги. Уыцы ’хсæв ничи фыиæй кодта Едиаты сыхы. Алчи цæт- тæ кодта йæ бæлццæтты тæрсгæ-ризгæйæ дард, тугкалæн хæ- ! стмæ. Фæстаг хатт ма иумæ æмбырдæй уыцы æхсæв суанг райсом- мæ фæбадтысты æфсымæртæ. Стæй райсом куы скасти хур, уæд 492
Тедеты Паулейы авд фыртæй цыппарæй абалц сты стыр тохы \ъазуатмæ. Фæцыдысты сæ ног зарджытимæ иумæ. Хæст куы райдыдта, уымæй бирæ рæстæг нæ рацыд, афгæ •цннæ æртæ æфсымæры дæр афардæг сты хæцæг æфсады ра^н- чъытæм. Æвирхъау æмæ’.трагикон уыдис Тедеты Паулейы авд фыр- !и1 тохы фæндаг. Никъолоз бахауд Хъырымы зæхмæ, хайад иста Хъырымы зæхх знæгтæй бахъахъхъæныны сæрыл карз тохты. Уырдыгæй йæ йе ’фсæддон хаимæ фæстæмæ ралæууын ба- \ъуыд. Æнкъард, æрхæндæг уыдис уыцы рæстæджы Никъолоз. Цыр йæ зæрдæ хъæлдзæг, цины зарæджы бæсты агуырдта æн- дæр зарæг, йæ цыфыддæр знагмæ хæрамдзинадæй йедзаг чи уыд, ахæм. Æмæ-иу хатт, уæззау тохты фæстæ, йæ сагъæстимæ куы баззад, уæд-иу ацархайдта ногзарæгыл æмæ иу тохæй инпæ-' мæ цадæгган гуырдис зарæг, æхсар æмæ лæгдзинады зарæг. Цард æмæ уæлахизы зарæг. Фæлæ зарæджы ныхæстæ, раздæ- рау, зæлдаг æлвисæгау, иал куымдтой кæрæдзийы фæдыл. Цы- ма йыл здыйы къæрттытæ баст уыдис, афтæ-иу фæфидар сты хурхы уадындзты. Уæззау сагъæс, мæт, фæйнæрдыгæй æиæны- мæц мæрдтæ, цæфты хъæрзын, цъæх пиллонуадзæг уæзгуытæ стыр маст ныффæлдæхтой Никъолозы зæрдæйыл. Фыдгул знаг æрурæд æрцыдис. Райдыдта стыр размæбырст æиæ уæд, æйда-мардзæ, бæлоны лæппынтау, стахтысты зæрдæ- йæ зарæджы ныхæстæ. Фæлæ 1934 азы Цæгат Кавказы зæххыл Крымскаяйы станицæйы сæрыл карз тохты Никъолоз уæззау цæф фæцис. Куы æрчъицыдта, уæд базыдта йе ’фсæддон хæйттæ знаджы кæй ныддæрæн кодтой, кæй ссæрибар кодтой Кырымскаяйы æмæ размæ кæй бырсынц. Лæппу йæ цæстытæ байгом кодта, йæ алы фарс быдыртыл ма йæ цæст ахаста æмæ ма фæстаг хатт загъта: — Ех, хæлæрттæ, æвæдза, куыд зынаргъ у цард, — стæй ма фæстаг хатт йæ хъæлæсы дзаг ныззарыд, æмæ зарæджы иы- хæстæ куыд мынæг кодтой, афтæ цадæггай йæ цæстытыл цар- ды рухс батад. Афтæ уыд Никъолозы иннæ æфсымæртæй Уанкъа æмæ Бу- рийы хабар дæр. 1944 азы райдианы Уанкъа уæззау цæфы фæс- тæ аздæхтис рынчындонæй фронтмæ. Иæ раздæры æфсæддон хаймæнал бахауд. Арвыстой йæ æндæр æфсæддон хаймæ. Уым æнæихъæлæджы фембæлдис йе ’фсымæр Бурийыл, уыдыс- ты иу ротæйы. Фæрсæй-фæрстæм хъæбатырæй тохгæнгæйæ фæцыдысты. Фæцыдысты Венгрийы онг. Стæй уым, Будапешты горæты сисыны сæрыл карз.тохты мард фæци Тедеты авд æф- сымæры хистæр Уанкъа. Нæ бахæццæ фашистон сырдты ахс- тон Берлинмæ Ягор даёр. 1945 азы апрелы мæйы йæ цард æодæ- тыл аскъуыд. Нал фæзындысты хæсты æвирхъау цæхæр артæн Ягор æмæ Сардо дæр. Кæм хæцыдысты, уый абон дæр хæсты уæззау 493
цалх йæ быны басусæг кодта. Фронтæй ма уæззау цæфтазп æрыздæхтысты Митъуша æмæ Заликъо. ’ Афтæ бабын сты Тедеты Паулейы авд æфсымæрæй фондз, æйттмардзæ, цæхæрцæст лæппуйы. Зарæджимæ райгуырдысты,' зарæджимæ схъомыл сты æмæ зарæджимæ фæцыдысты Фыды- бæстæйы сæрыл стыр хъазуатмæ. Хæсты фæстæ йе ’фсымæрты уæззау маст нал баурæдта^ Заликъо æмæ цæрынмæ алыгъд Цæгат Ирыстонмæ. Митъуша абон дæр фæллой кæны Дзауы совхозы Хъорсеуы хайады. у цæсгомджын, намысджын кусæг. Едиаты сых. Ныртæккæ уым ничиуал ис. Сыхбæстæй ма Фыдыбæстæйон хæстæй сæрæгасæй чи, æрыздæхтис, уыдон ра- лыгъдысты дæлæмæ, Хъорсеуы хъæумæ. Афтид уæзгуытæ, зынгхуыст артдзæстытæ! Нырма дæр хъилæй лæууынц Паулейы фыртты артдзæсты къонайы дуртæ. Цард ахуыссыд Едиаты уæзæгыл, фæлæ нæ амарди, нæ ’бабып ис Паулейы фыртты зарæг. Уый дымгæйы фыццаг йæхи бакод- та æмæ оæрдыгон сабыр изæрты хъуысы зарæджы диссаджы мелоди. Æмæ, зынаргъ бæлццон, искуы куы бахауай ды Едиа- ты сыхмæ, уæд-иу дæ худ сис Паулейы æгъуыстаджы фыртты артдзæсты фарсмæ. Байхъус иу: æмæ фехъусдзынæ æмбисонды зарæджы мелоди. Уый царды зарæг,, уарзты зарæг у, фондз- зынгхуыст æфсымæры йæ дæ рæсугъд фидæны сæрвæлтау ныу- уагътой. Æрцамои иу: «Ныккæиæм-ма, фæсивæд, Тедеты фондз. зыигхуысты зарæг!». ^
! Джиоты Соломан ХЪÆБАТЫР АФИЦЕР ирæ æвирхъау хъуыддæгтæ зоны адæймаджы ис- тори. Бирæ туг æмæ цæстысыг фæкалди зæххы риутыл. Æнус- ты дæргъы бирæ цæрынхъуаг удты ахаста сау мæлæт сау- мæр% сыджытмæ. Тыхæвзарæнтæ... æвирхъау хæстытæ. Фæлæ дзы адæйма- гады истори дыууынæм æнусы дыккаг дуиейои хæст.тй æвир- хъаудæр нæма зоны. Уæззау уыдис йæ райдиан. Тугæй æлхæд’ уыд стыр уæлахиз. Уыцьг хæст фенын кодта советон адæмы моралон æмæ политикон цæрдхъомдзинад. Æвдисæн уыд сæ- рибаруарз адæмы æхсар æмæ лæгдзинадæн, Рангуырæн бæс- тæмæ уарзондзинад æмæ патриотизмæн. Æхсар æмæ лæгдзи- над равдыстой ирон адæмы хъæбатыр фырттæ дæр хæсты бы- дыры. Уыдонимæ уыд ерцъойаг хъæбатыр афицер Тедеты Владимир дæр. 1941 азы июлы уæззау бонты слæууыд йæ хæстон фæн- дагыл Тедеты Гишойы фырт Владимир. Немыцаг-фашистон- абырджытæ уæд сæ тæккæ тыхыл уыдысты, сæ рæстæгмæйон- æнтыстытæй пайда кæнгæйæ, цыдысты размæ. Сырх Æфсады та, фыдгулæн ныхкъуырд дæтгæйæ, бахъуыд фæстæмæ алæу- уын. Белоруссаг горæт Кричевы цур уæд лæууыд 132-æм æх- сæг дивизийы 712-æм æхсæг полк. Уым сæмбæлд полк фашист- тыл. Уым сцырын сты уæззау тохтæ. «6-
Тедеты Владимир уыд уыцы полчы хæлцадон фæлындзы- нады хистæр. Иу æвирхъау тохы, йæ хæстон хæс æххæст кæн- гæйæ, сæ сæрмæ февзæрдысты фашистон хæдтæхджытæ. Иу хаэдтæхæг пæхи ныллæг рауагьта æмæ æркалдта бомбæтæ. Владимир фæцæф. Аластой йæ Брянскмæ, уырдыгæй та Воро- нежы эвакогоспиталмæ. Уым йæ хъæдгæмттæ байгас сты æмæ та йæ фæстæмæ арвыстой Хуссар-Ныгуылæн фронтмæ, Харьковы цурмæ. Снысан æй кодтой 393-æм æхсæг дивизийы 704-æм æхсæг полчы командиры .æххуысгæнæгæй материалон фæлын- дзынады фадыджы. Уæззау уавæр сæвзæрд ам. Тох кодта карзæй-карздæр. Владимирæн бахæс кодтой æхсæг батальоныл командæ кæнын. Знæгтæ дыууæ фланджы ’рдыгæй дæр æрбатыдтой нæ хъахъ- хъæдадон хахх. Батальон бахауд уæззау уавæры. Владими- рæн полчы командир бардзырд радта, цæмæй алцы мадзæлт- тæй дæр спайда кодтаид знаджы æруромыны тыххæй æмæ куы ’рталынг уыдаид, уæд ралæууыдаид фæстæмæ. Хæс уыд зын. Владимир йæ батальонимæ хъуамæ æрурæдтаид знаджы, цæмæй фадат радтаид не ’фсæддон хайæн фæстæмæ ралæууын æмæ ног позициты йæхи æрфидар кæнынæн. Ам фæлтæрд æмæ арæхстджын командирæн йæ бæрнон æмæ уæззау хæстон хæс сæххæст кæныны хъуыддаджы бах- хуыс кодта нæ фердæхтдзинад. Уый батальоны- тыхтæ афтæ арæхстджынæй равæрдта, æмæ аккаг ныхкъуырд радтой знæг- тæн. Уыцы боны тох ахаста суаиг изæрмæ. Ие ’фсæддон хайы хъуыд фæстæмæ ралæууыи. Ныр Владимир бардзырд радта йæ батальоны хæстонтæн фæстæмæ цадæггай æмæ арæхст- джьгнæй алæууыны тыххæй. Бардзырд æххæст цыд, пулеметои взвод та сæ хъахъхъæдта знæгтæй. Райдыдта къæвда, зæхх сцъыф. Пулеметон взвод дæр хъуамæ алæууыдаид фæстæмæ. Хæцæнгæрзтæн ныууадзæн нæ уыд: къухы. хæсгæ пулеметты се уæхсчытыл æрцауыгътой гæрзрæттæй, станкон дулеметты та ластой сæ фæдыл астæумæ цъыфы, афтæмæй тых æмæ амæлттæй æнæзианæй алæууыдысты ног позицитæм. Ахсджиаг хæстон хæс æрхъуыдыджын æмæ арæхстджын афицер Тедеты Владимиры фæрцы æххæст æрцыди иттæг хорз. Уый тыххæй дивцзийы командир булкъон Зиновьев бузныг загъта Влади- мирæн. Уыцы уæззау тохты фæстæ Владимиры арвыстой цыбыр- рæстæгои курсытæм Мæскуымæ. Къурсытæ каст куы фæци, уæд æй 1944 азы ноябры афæндараст кодтой фронтмæ. Уым æй. снысан кодтой Сæйраг командæкæнынады резервон 4-æм артиллерион корпусы фæсчъылдымы штабы хистæры æх^ хущсгæнæгæй пълан кæныны хъуыддаджы æ?маё хаудта корпу- сы щтабы оперативон къорды скондмæ. Владимир йе’ ’мбæлт- тимæ стыр куыст бакодта Белоруссы ССР Полесьейы ’рдæм ^дæхты егъау æфсæнвæндагон æлхынцъ æмæ, фашисттæ, тынг кæй сфидар кодтой, уыцы Калинковичины горæт ссæрибар кæны- 496-
з!Ы хьуыддаджы. Ацы хæс сæххæст кæныныл Владимнр куыс- 7а æхсæвæй-бонæй æмæ стыр ахъаз фæци 1-аг Белоруссаг фронты æитыстджын архайдæн Владимир нæхæдæг дæр хъæбатыр тох кодта горæт ссæрибар кæныны сæрыл æмæ йæ уый тыххæй схорзæхджын кодтой Хæстон сгуыхтдзинæдты тых- хæй майданæй. Корпусы командир инæлар Игнатовы бахæсмæ гæсгæ Владимир спълан кодта 1944 азы Ковель æмæ Бобруйскы "рдæм здæхты фронтмæ материалон фæрæзтæ æрбаласыны хъуыддаг. Бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыста ацы серьезон хæстон хæс æххæст кæныныл кусгæйæ. Немыцæгтæ уæлдæфæн сгæрстоп мах фæндæгты, калдтой сыл бомбæтæ, æхстой сæ сармадзантæй. Тынг ’тас* уыди/нæ размæбырСт.’’куы ! бакъуы- лымпы уыдаид, уымæй. Фæлæ Владимиры саразгæ пъланмæ гæсгæ ифтонг æрцыдис æппæт материалон фæрæзтæ сармадза- ны нæмыгæй суанг лыстæг дзаумайы онг фронтмæ рæстæгыл æрбаласыны хъуыддаг. Æдæппæт æрбаластой уырдæм фондз- сæдæ вагоны сармадзаны нæмгуытæ, 500 тонны та æртаг. Ацы хæс иттæг хорз кæй сæххæст кодта Владимнр, уый тыххæй йа* схорзæхджын кодтой Сырх Стъалыйы ордеиæй. 1944 азы сæрды 1-аг Белоруссаг фронты æфсæдтæ бахæц- цæ сты цæугæдон Вислæйы онг Варшавæмæ ’ввахс. Владимир цы артиллерион корпусы уыд, уый хайадрайста фронты артилле- рион æрмæджытæ рæстæгыл ифтонг кæныны æмæ Вислæйы фаллаг фарс знæгты ныддæрæн кæныны хъуыддаджы. Артил- лерийы æхст куы ’рсабыр, уæд махуæттæ Вислæйы фаллаг фарс бацахстой чысыл плацдарм. Гитлеронтæ - архайдтой уы- цы плацдарм фæстæмæ байсыныл, арæх-иу рауагътой сæ тан- кæтæ. Махонтæн тынг зын уыд уыдон ныхмæ лæууын, уымæн <вмæ сæм артиллери нæма уыд. Уыцы плацдарммæ æвæстиа- тæй баласын хъуыд сармадзантæ. Уыцы хæс сæхимæ райстон Владимир æмæ корпусы оперативон хайы хистæр, дæлбулкъон Медведьев. Уыдон сорганизаци кодтой доны фаллаг фарсмæ 76-миллиметрон сармадзантæ ахизыны хъуыддаг æмæ цырд бацахстой æхсæн позицитæ. Сармадзантæ уайтагъд æхсын рай- дыдтой знæгты танкæтæ æмæ фистæг æфсады. Владимир та ацы тохты дæр равдыста стыр хъæбаты’р- дзинад æмæ лæгдзинад æмæ уый тыххæй хорзæхджын æр- цыди Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг орденæй. Уæззау тохтимæ не ’фсæдтæ цыдысты размæ, фæлæ иуæй- иу рæтты знагæн æнтыст ныхмæ лæууын æмæ махонтæн зын- дзинæдтæ аразЫн. Уыди-иу афтæ, æмæ-иу нын нæ размæбырст дæр æрурæдтой. Не ’фсæдтæ бирæ рæстæджы карз тохты фæс- тиуæгæн бахæццæ сты Одеры цæугæдонмæ. Уыцы тохты Вла-. димир æдзухдæр уыд ко’рпусы командир инæлар-лейтенант Игнатовы фæлгæсæн пункты.. Уымæн æппынæдзухæй бастдзи- над уыд дйвизитæ æмæ бригадæты командиртимæ æмæ хæсты 32* :497
быдыры уавæры тыххæй рæстæгыл доклад кодта инæларæн. Иу рæстæджы æхсæг дивизитæй сæ иуы командир телефоны .фехъусын кодта корпусы командиры фæлгæсæн пунктмæ æмæ’. куырдта, цæмæй йын артиллерийæ баххуыс кодтаид. Фæлæ уыцы дуджы инæлар уым нæ уыд. Дивизийы командир куыд хъусын кодта, афтæмæй иемыцæгтæ æрбакалдтой бирæ тых- тæ æмæ æрурæдтой нæ фистæг æфсады размæбырст. Æнæ- мæнг хъуыди сармадзанты комкоммæ æхстæй знæгты æддæг- мидæг ауайын кæнын, фæлæ нæмгуытæ цъус кæй уыд, уый тыххæй сын хардзгæнæн нæ уыд инæлары æвастæй. «Цы чындæуа? — хъуыды кæны Тедейы фырт. — Цæйнæ- фæлтау нæ размæбырст фæсыкк уа, фæлтау хъæцдзынæн инæ- ларæй æфхæрд райсыныл». — Владимир телефоны фæдзырдта 23-æм артиллерион бригадæйы командирмæ æмæ йын корпу- сы командиры номæй бардзырд радта, цæмæй æнæхъæн бри- гадæйы сармадзантæй дыууæ хатты æмæхст фæкодтаиккой, æхсæг дивизийы командир цы пункттæм бацамыдта, уырдæм. Бардзырд æххæст æрцыди дырысæй. Фашисттыл æрцыди стыр зиæнттæ. Нæ фистæг æфсад сыстадысты æмæ ныфсджынæй тæрын райдыдтой знæгты Ныгуылæнырдæм. Дивизийы комаидир дыккаг- бон сæумæраджы фæдзырд- та инæлармæ æмæ йын зæрдиагæй раарфæ кодта уыцы стыр æххуысы тыххæй. ч Корпусы командир хъуыддаг куьг бамбæрста, уæд уыцы хорз инициативæйьг тыххæй фæбузныг Владимирæй. 1945 азы марты Тедеты Владимир нысан æрцыдис корпу- сы фæсчъылдымы штабы хистæры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæ- кæгæн. Уыцырæстæджы 1-аг Белоруссаг фронты æфсæдтæ сæхи цæттæ кодтой фашистты лæгæт Берлин штурмæй сисынмæ. Уым æмбæлон хайад иста ацы артиллерион корпус дæр. Корпусы æнтысгæйæ архайды тыххæй лæмбынæг спълан кæнын хъуыд хæстон æрмæджытæ æмæ æртаг фронтмæ æнæфæкъуылымпы- йæ ласыны хъуыддаг. Уый ныр æххæст кодта Владимир йæ- х-æдæг æмæ та ам дæр лæмбынæг спайда кодта йе стыр фæл- тæрддзинадæй, йæ зонынадтæй. Уый арæхстджын архайды фæрцы корпус æдзухдæр ифтонг цыдис æнæмæнгхъæуæг хæс- тон æрм.æджытæй æмæ йын уымæ гæсгæ уыд стыр æнгысты- тæ. Корпусы баиугæндтæ æмæ æфсæддон хæйтты командиртæ кæддæриддæр бузныг уьгдысты Владимирæй. Берлин штурмæй сисынмæ цæттæ кæныны стыр куысткæй бакодта æмæ хæсты быдыры хъæбатырдзинад -æмæ лæгдзинад^ кæй равдыста, уый тыххæй та Тедейы фырт хорзæхджын æр- цыдис Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг къæпхæны орденæй. Ахæм ^хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинады фæндагыл ра- |цыд ерцъойаг ирон лæппу Тедеты Владимир. Хæстæн йæ рай- дианæй суангдæр йæ фæудмæ (æппынæдзухæй уыд хæцæг æф- сады рæнхъыты. Хорзæхджын у цыппар орден æмæ аст май- 498
таиæй. Уæлдæр Сæйрагкомандæгæнæг И. В. Сталинæй та .йын фараст арфæйы ис. Ие ’нæниздзинад йæ уагыл кæй нæ уыд, уый тыххæй 1945 азы октябры Владимиры ссæрибар кодтой ^фсæддон службæйæ. Тедетьг Владимир (Лади) райгуырд 1916 азы Дзауы рай* оны Ерцъойы хъæуы. 1931 азы каст фæци Дзауы колхозон фæсивæды скъола, 1933 азьгта хъæууонхæдзарадон техникум. 1933 азæй 1934 азмæ куыста Цъоньг хъæусоветы секретарæй. 1936 азы кастфæци Цхинвалы кусæг фæсивæды ахуыргæнæн- дон. Уый фæстæ та, Цхинвалы ахуыргæнджыты институты иу курс фæугæйæ, ахуыр кæнынмæ бацыд Ярославлы æфсæддон- хæдзарадон ахуыргæнæндонмæ æмæ йæ æнтысгæиæ каст фæци 1939 азы сентябры. Ахуыр куьг фæци, уæд æй снысан кодтой 132-æм æхсæг дивизийы 712-æм æхсæг полчы хæлцадон фæ- лындзынады хистæрæй. Уыцы куысты йæ æриййæфта хæст дæр. Æфсадæй куы рыздæхт, уæд Владимирæн нæма уыд ку- сыпы фадат, рынчын кæй уыд, уымæ гæсгæ. Хос кодта йæхи- цæн. Стæй йæ снысан кодтой Хуссар Ирыстоны облгосстрах’ы хистæрæй. 1946 азы та йæм ногæй æрсидтысты æфсадмæ æмæ службæ кодта Ростовы горæты суанг 1959 азмæ. Уæдæй фæс- тæмæ Владимир кусы Тбилисы æндæр æмæ æндæр бæрнон быиæтты. *
Пухаты Илья ХÆСТОН ФÆНДАГ |зауæй фондз километры æддæдæр, Цæгат-ныгуы- лæиырдыгæй иу рæсугъд нæууыл Хъорсеуы хъæу цъæх нæ- зыты бынæй фæлгæсы. Ам 1913 азы Тедеты Кудзийы хæдзары райгуырд лæппу, ном ыл сæвæрдтой Садул. Йæ сабийы бонтæ арвыста сæхи хъæуы, райдиан скъола дæр каст фæцис уым. Уый фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Дзауы хъæууон фæсивæды скъоламæ. Каст æй фæци иттæг хорз нысæнттимæ 1927 азы æмæ уадидæгæн бацыд Цхинвалы ахуыргæнджыты дыууæазон къурсытæм. Уыдон дæр каст фæцис 1929 азы. Уый фæстæ æртæ азы бæрц куыста Хашуры районы Хъа- лебы хъæуы цыппаразон скъолайы гæсæй, стæй та фондз азы дæргъы куыста Карёлы районы Згъудеры æнæххæст астæук- каг скъолайы ахуыргæиæгæй. 1934 азы сентябры Садул бацыд Сталиниры пединститутмæ, фæлæ йæ æххæст каст нæ фæцис. Область ахуыргæнджыты кадртæй хъуаг кæй уыд, уый тыххæй сæ 1937 азы æртыккаг курсæп рауагътой. Институт фæстæ- дæр каст фæцис фæсаууонмæ. ! Тедеты Садул ахуырмæ рæвдз уыдис, æнæзивæг — æхса^- надон куыстытæм. Нысангонд æрцыдис Сталиниры æиæххæст астæуккаг скъоламæ ахуыры хайы сæргълæууæгæй. 500
1939 азы февралы Садулы снысан кодтой Сталиннры пе; ^агогон техникуммæ ахуыры хайы сæргълæууæгæй, уый æм- о^стæджы куыста техникумы фæсаууонмæ ахуыры секторьг ’цГректорæй дæр. Уыдис областы рухсады хайады райдиан а,мæ астæуккаг скъолаты ахуыргæнджыты квалификаци фæ- ояфзонддæр кæныны секторы сæргълæууæг. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Садул лиыд фронтмæ. Службæ кодта 39 æхсæг дивизийы 107 æхсæг иолчы. Уыдис фæскомцæдисьг организацийы бюройы секре- гарь. Сæ полк лæууыдис горæт Федосеевмæ æввахс хъахъхъæ- дадон позициты. Уырдыгæй Садулы арвыстой Тбилнсмæ афп- иерты скъоламæ. Каст æй фæцис хорз бæрæггæнæнтимæ 1942 азы æмæ йын радтой хистæр лейтенанты ном. Фæстæмæ æры- здæхт йæ полкмæ, куыста батальоны къамисарæн. Уæд сæ [юлк уыдис хъахъхъæдадон позициты Туапсемæ хæстæг. 1942 азы гитлеронтæ сæхи æрфидар кодтой Туапсемæ æр- бацæуæнты хæхты фаллаг фарс. Знаг бырста Фæскавказмæ,' фæлæ йын нæ бантыст, не ’фсæдтæ сын сæрсæттæи цæф фæ- кодтой Кубаны тыгъд быдырты. 1943 азы тынг уæззау уавæры бахауд, Садул цы ’фсæд- дон хайы уыд, уый. Уымæн æм-æ транспортæн зын ахизæн уыд Туапсейы хæхты сæрты Кубанырдæм. Æфсæдтæ цалдæр боны баззадысты æнæ продукттæ, нæ сын уыд фаг хæцæн- гæрзтæ. ’ Горæттæ, станицæтæ æмæ хъæутæ уыдысты немыцæгты къух- ты. Фæлæ уæддæр, æппæт ныхдуртæ сæтгæйæ, нæ хæстонтæ япвары æмæ февралы бырсын райдыдтой размæ æмæ дæрæн кодтой фашистты, сæрибар кæнын райдыдтой Кубаны зæхх. Гитлеронтæ сæхи рæстæгмæ æрфидар кодтой станицæ Крымскаяйы æмæ Новороссийскы горæты. Садул уæд уыдис батальоны командиры хæдивæг. Полчы командпр бардзырд радта, цæмæй æвæстиатæй арвыстаид иу взвод разведкæйы. Хъуамæ базыдтаиккой, Крымскаяйы стаинцæмæ æввахс зна- гæц цас тыхтæ ис, уый, самал кодтаиккон «æвзаг» дæр. — Бар мын радт, æмбал дæлбулкъон, разведкъордимæ мæхæдæг ацæуон, — загъта Садул. Полчы командир хæлар цæстæп бакаст йæ разылæууæг цыбыргомау, фидæрттæарæзт хистæр лейтенантмæ, стæй йæ мидбылты бахудт æмæ сдзырдта: — Бар дын дæттын. Архайут арæхстгай, уæхиуыл та ма феууæндут. Арвыл мингай стъалытæ тыбар-тыбур кæнынц. Мæй у цæлхыдзаг, фæсхохæй сындæггай стылд. Крымскаяйы стани-. цæмæ скомкоммæ кодта нæ урс цæст, зестæйагъуыст уæлхæ- дзæрттæ тæмæнтæ калдтой. Фараст хæстоны хуыссынц дæлгом- мæ, сæ цæстытæ сарæзтой гитлеронты хъахъхъæдады фадыгмæ. Мугай фашисттæ сæ сæртæ акъоппытæй сдарынц, фæлæ тп 501
сæ амбæхсынц. Хъахъхъæдады дыууæ кæронæй райхъуысы пулеметты стæм къæр-къæр, нæмгуытæ хæстонтыл сыджыг бапырх кæнынц. Ныгуылæнырдыгæй сармадзанты нæрыи хъуьь сы, сæ нæмгуытæ хæлынц нæ позициты фæсте. Нæ «Катюшæты» судзгæ иæмгуытæ кæрæдзи фæстæ тæ- хьгнц æмæ фыдгулы хæцæнуаты арты хай кæнынц. Фæстагмаз знаджы пулеметтæ басабыр сты. Садулиты батальонæн хæсгонд уыд, цæмæй, тох кæнгæ- йæ, сбæрæг кодтаиккой сæ развæд æмæ бæстон рабæрæг æр* цыдаиккой гитлеронты тыхтæ, сæ хъахъхъæдадон позицитæ. Садул йæхæдæг цыдис, батальоны разæй хидыл æппæты фыц- цаг цы ротæ ахызт, уыдонимæ. Хиды фаллаг фарсæй гитлеронтæ махуæтты ныхмæ рар- выстой цыппар танкеткæйы, сæ фæстæ та — фистæг æфсад. Садулы ротæйы хæстонтæ гранаттæй фехæлдтой знаджы тан- кеткæтæй æртæ. Иу танкеткæ сæм хæрзæввахс æрбацæйцыд æмæ ууыл та Садул йæхæдæг бахста гранат, фехæлд. Гитле- ронтæй фæмард æртæ салдаты æмæ иу афицер. Знаджы гра- наты схъисæй фæцæф Садул йæхæдæг дæр. Арвыстой йæ Краснодары госпнталмæ, уырдыгæн та Бакомæ. Æхсæз мæйы дзы фæхуыссыд æмæ куы сдзæбæх, уæд та ацыд фронтмæ. Госпиталæй рацæуыны фæстæ службæ кодта Æртыккаг Украинаг фронты 39 гвардион Барвенковы æхсæг дивизийы комбаты хæдивæгæй политикон хайы. 1944 азы февралы сæ полк хайад иста Днепры фаллаг фарс размæбырсты. Фашпсттæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, фæфидар уы- дзыстæм доны рахизфарс, фæлæ та ам дæр дæрæп æрцыды- сты. Иуæй-иу бон-иу цалдæр атакæйы абырста, Садул цы 'фса:ддон хайы уыд, уый. Садулы хъуыды уыдис: гитлеронты ныддæрæн кæндзьг стæм, фæллойгæнæг адæмтæ сæ риуыдзаг сулæфдзысты, рай- дайдзæн та хъæлдзæг æмæ сæрибары цард. Хъавыд æфсады баззайынмæ, хъуамæ Академи фæуыдаид. 1944 азы апрель. Садулиты полкæн хæсгонд уыд Украи- нæйы пу стыр станицæ Опостоловы ссæрибар кæнын, уый фæс- тæ та Кастромкæйы станицæмæ бабырсьгн æмæ знаджы уыр- дыгæй фæтæрын. Зын уыдис уыцы операци, фæлæ йын æнæ- сæххæст гæнæн нæ уыд. Уый размæ тохты батальоны коман- дир капнтан Воданеев хæсты быдыры фæмард æмæ батальо- ь’æн командæ кодта Садул. 1944 азы 12 февралы æхсæв бонмæ митхæццæ къæвда уа- рыд, бæстæ слакъон, акъоппытæ, траншейтæ донæй сæ хъуыр- мæ схæццæ сты. Уыд райсомьг фараст сахаты. Бæстæ ныррыз- тис нæ сармадзанты гыбар-гыбурæй, минæтьг ’хситт хъустæ ,къуырма кæны. Нæ «Катюшæты» нæмгуытæ сырх зынгæй тæ- хынц Ныгуылæнырдæм, пырх кæиынц знаджы позицитæ. Нæ бомбæтæзгъалæг хæдтæхджытæ арвы тыгъдад бамбæрзтой. 502
— Размæ, мæ фæдыл!—скомандæ кодта Садул. Батальон, денджызы улæнтау, агуылф кодта размæ. Гитлеронтæ нæ ба- урæдтой махуæтты домбай цæфтæ, æмæ сæ удæгас чи баззад, уыдон лыгъдысты тугæрхæмттæй. Станицæ ссæрибар. Иу æрдæг сахатьг фæстæ гитлеронтæ ног тыхтимæ рабыр- стой нæ батальоны ныхмæ. Аст танкæйы, сæ фæстæ ротæйы .бæрц автоматчиктæ, афтæмæй сæ ных сарæзтой фыццаг ротæ- мæ. Батальоны командон пункт дæр уыди уым. — Иу къахдзæф дæр фæстæмæ нæ! — айхъуыстис коман- дæ. Садул йæ батальоны разæй рабырста иудзæвгар, стæй æвиппайды зæххыл сæмбæлд. Фестад йæ тæвдæй фæстæмæ, фæлæ рахиз къах фæтасыд æмæ лæг ногæй ахаудта, йæ цæс- тытæ батарытæ сты... Уæззау цæфтæй æрыздæхт йæ райгуы- рæн къуыммæ. Садул хæсты быдыры лæгдзинад æмæ стыр хъару кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджын у Фыдъгбæстæйон Хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны ордентæй, стæй цалдæр меда- лæй. Хъæбатыр командир кæдйæрахиз къах ныууагъта фрон- ты, йæ галиу къах та тынг фæсахъатджын ис, уымæй дарддæр ма фæцис ноджы фондз цæфы, уæддæр йæхи нæ ауагьта хæс- тæй æрыздæхгæйæ дæр, у хъæлдзæг, цардбæллон, куыстуарзаг. Цыппор азы дæргъы1 кусы ахуыргæнæгæй, уыдонæй фæстаг дыууын дыууæ азы Цхинвалы дыккаг астæуккаг скъо- лайы. Садулы къухы чи ахуыр кодта, уыцы фæсивæдæй бирæ- тæ систы ахуыргæндтæ, алы æмæ алы професситы дæсны кус- джытæ. Фæстаг азты Садул кæны сфæлдыстадон куыст дæр, фыссы радзырдтæ, уацаутæ. Сарæзта цалдæр ахуыргæнæн чи- ныджы райдиан æмæ астæуккаг скъолатæн. а
Плиты Илья ТОХЫ ДÆР; КУЫСТЫ ДÆР азсты райдианы Титов Петрмæ æрсидтысты Сырх: Æфсадмæ. Службæ кодта 687 артиллерион запасон лолчы. уьгди сержант. Полчы хæстонтæ цыбыр рæстæджы дæргъьг сæхи хорз бацæттæ кодтой æфсæддон хъуыддаджы: сарма- дзанæн æхсын, йемæ архайын æмæ сæ арвыстой Хъырымы æрдæгсакъадахмæ. Петроиты полк йæхи æрфидар кодта Камыш-Буруны цур^. кодтой хъахъхъæдадон тохтæ. Уый размæ æхсæвы нæ раз- вæдсгарджытæ бабæрæг кодтой знаджы хæцæн бынæттæ. Командæкæиынадæй бардзырд уыдис, цæмæй знаджы десантон. къордтæ куыпæг æрцыдаиккой. Махуæттæ æхсæвыцъæхæй, æхсæг батальон сæ разæй, афтæмæй размæ* абырстой, уæлдæ- фы айхъуыстис уырыссаг «Ура». Уыцы æнæнхъæлæджы ныб- бырстæй знæгтæ фергъуыйау сты æмæ, сæ позицитæ ныууадз- гæйæ, лидзынмæ фесты. Петр уыцы бон фыццаг хатт фембæлдис немыцаг фашист- тим’дз тохы быдыры, йæ алы нæмыг дæр нысаныл æмбæлдис æмæ знæгтæй бирæты бадæлсыджыт кодта. 504
Знаг хинæйдзаг уыд, æндæрырдыгæй бирæ танкæтæ рар- ныста сæ батальоны ныхмæ. Знаджы æртæ танкæйы цыдысты комкоммæ Петры ’рдæм. Айхъуыстис сармадзанты гæрах, дык- каг, æртыккаг... Знаджы танкæтæй дыууæйæн сæ фæздæгскалд, пннæ æрбаирвæзт. Мæнæ æрбахæстæг кæны. Уалынмæ на> хæстонтæй сæ иу, граиатты баст йæ къухы, афтæмæй акъоп- ллзй фæгæпп ласта æмæ гранатты танкæйы бынмæ баппæрста. райхъуысти тыхджын нæрд. Танк ссыгъдис æмæ дзыхълæуд фæкодта. Знаджы æртæ танкæйы дæр æд экнпажтæ куынæг :срцыдысты. СтБф зиæнттæ æрцыдис уыцы бон гитлерон тыхæйисджы- тыл. Махуæттæй дæр уыдис цæфтæ æмæ мæрдтæ. Советон хæс- тонтæ удуæлдай тох кодтой знаджы ныхмæ. Фаг хæцæнгæрз- тæ-иу сæм нæ уыд, фæлæ-иу сæ ныфс никуы асаст. • . Новороссийскы цыдис тугкалæн тохтæ. Немыцæгтæ рæс- тæгмæ горæт бацахстой. Нæ командæкæнынад бардзырд рад- та, цæмæй горæтæй немыцæгты фæсурой. Уый уыдис зьш сæх- хæстгæнæн. Фæлæ нæ хæстонтæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой, хъуамæ ссæрибар кодтаиккой Новороссийскы порт. Уыцы ва- зыгджын операци сæххæст кæныны активон хайад райста, Петр цы батальоны уыдис, уый дæр. Ротæйы командиры бардзырдмæ гæсгæ, æхсæвы Петр йæ хæстонтимæ бабырста горæты кæрон немыцæгты хъахъхъæнæн пунктмæ. Фашисттæ схæццæ-мæццæ сты. Хæст сын бацайдагьи немыцæгтимæ. Уалынмæ сæм æххуысмæ фæзындысты æндæр æфсæддон хæйтгæ дæр æмæ знæгтæ горæтæй тард æрцы- дысты. Гвардийы сержант Титов Петр æмæ йæ хæстон æмбæлттæ Новороссийскы ссæрибар кæныны сæрыл тохты активон хайад кæй райстой, уый тыххæй хорзæхджын æрцыдысты Хъæба- тырдзинады тыххæй майдантæй. Цасдæр рæстæджы фæстæ Петриты æфсæддон хай æрвыст æрцыд Хъырыммæ. Джанкой æмæ Семиколодецы здæхтыты знаг æрфидар кодта йæ позицитæ, æхсæвæй-бонæй æнæрынцойæ ног тыхтæ æрвыста атакæмæ, фæлæ-иу дæрæн æрцыдысты. Иу бон æнæн- хъæлæджы арвыл фæзындысты немыцаг хæдтæхджытæ. Иу- гай-дыгай парашюттыл сæхи рауагътой немыцæгтæ. Хæдтæх- джытæ тагъд фæстæмæ фездæхтысты. Парашютистты куы ауыдтой махуæттæ, уæд Петр йæ хæстонтимæ райста хайад уыдон скуынæг кæныны. Гитлеронтæй иу дæр нал аирвæзтис, автоматтæ æмæ сæ пулеметтæй скуынæг кодтой. Уый фенгæйæ, немыцæгтæ бпрæ танкæтæ рарвыстон ата- кæйы, сæ фæстæ цыдыс.ты фистæг æфсæдтæ. Петр нæ фæтыхст. Йæ сармадзаны нæмыг сæмбæлдис знаджы раззаг танкыл. Чысыл фæстæдæр цалдæр танкæйы куынæг æрцыдысты, æмæ уæд нннæтæ фæстæмæ фездæхтысты. 505«
Уыцы æнæмсæр тохы Петр йæхæдæг дæр фæцæфис. Зна- джы нæмыг йæ цонджы ахызт. , Петрьт аластой санбатмæ, уырдыгæй та госпнталмæ. Æхсæз мæйы фæхуыссыдис Боржомы эвакогоспиталы. Куы сдзæбæх, уæд æй арвыстой Цхинвалы горæтмæ. Хæсты фæстæ Петры йæ къах нал ахаста Цхинвалæй, ам цæргæйæ баззад. — Ирыстон мæ дыккаг райгуырæн бæстæ у, йæ адæмы йын бирæ уарзын, — фæзæгъы уый. Æмæ, æцæгдæр, йæ зæрдæбын ныхæстæ царды мидæг ба- фидар кодта. Фæстæмæ та йæ раздæры дæсныйадыл ныххæ- цыдис: куыста сисамайæгæй. Бнрæ æхсæнадон хæдзæрттæ са- рæзта Цхинвалы горæты. 1966 азы йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд Ленины орденæй. Петр у намысджын адæймаг, куыстуарзаг. Бирæ азты дæргъы кусы Хуссар Ирыстоны арæзтадон Управленийы ар- матурщнкты бригадирæй, æхсæз азы фæкуыста партбюройы секретарæп. Бирæ хæттыты æвзæрст æрцыдис горæты Совет- мæ депутатæй æмæ партийы Хуссар Ирыстоны обкомы уæнг- тæм кандидатæй. &
Пухоты Ильл ТОГУЫЗТЫ ГЕОРГИ огуызты Иликъойы фырт Георги 1930-æм азы райс- та астæуккаг ахуыр Орджоникидзейы. Уый фæстæ ацыд Сырх Æфсадмæ. 1936 азы каст фæцис Харьковы æфсæддон ахуыр- гæнæндон æмæ нысан æрцыд взводы комаидирæй. 1936 азæй 1941 азмæ Георги куыста æндæр æмæ æндæр æфсæддон хæйтты взводы командирæй. Ашхабады горæты йæ æриййæфта Стыр Фыдыбæстæйои хæст. 1942 азы 19 ноябры 228 полк уыдис хъахъхъæдадои пози- цийы Сталинграды цур Красиоарм’ейскмæ хæстæг. Уыцы рæстæ- джы яемыцаг фашисттæ бирæ тыхтæ æрбакалдтой Сталин- градмæ, цыбыр æмгъуыдмæ йæ хъуамæ систаиккой. Гитлерон- тæ адæмæй дæр æмæ хæцæнгæрзтæй дæр бнрæ рæвдздæр уы- дысты махуæттæй. Обгаиеровойы станцæ уæд хъахъхъæдта румынаг бæхджын полк æмæ венгриаг æхсæг бригадæтæй сæ иу. Ха^ст сцырын Обганеровойы станц ссæрибар кæныны сæ- рыл. Уыцы тохы 1-æм эскадроны командир фæцæф æмæ йын пæ хæстæ æххæст кæнын райдыдта Тогуызты Георги. Георгины эскадронæн лæвæрд æрцыд бардзырд, цæмæй бабырстаид Об- ганеровойы стапцмæ. Эскадроны хæстоптæ станцмæ рахизы- 507 ^,
рдыгæй полчы разæй бабырстой. Сæ фæстæ бабырста полк дæр. Румыны æмæ венгриаг æфсæддон хæйттæ пырх æрцы- дысты. Æмæ станц бафтыд махуæтты къухы. Ацы тохты мах- уæттæй дæр æмæ фашисттæй дæр бирæ фæмард. Тохты фæстæ 61-æм дивизи Шармутовойы хъæуы уыд хъахъхъæдадон пози- цийы. Фашисттæ атакæйы рарвыстой 3 танчы, сæ фæстæ та бырста фистæг æфсад. Полчы командир бардзырд радта Геор- гпйæн, цæмæй йæ эскадрон баурæдтаид немыцаг танчыты раз- мæбырстæй. Гитлеронтæ райсомæй рацыдысты атакæйы. Зна- джы танкæтæй иуы басыгъта дæлхайы командир сержант Гут- ников гранатæй. Дыккаг танчы та басыгъта Мельников. Æр- тыккаг таик цыдис комкоммæ командæгæнæн пунктырдæм. Георгимæ куы баввахс, уæд æй фехста #танкæйы ныхмæ хæ- цæнгарзæй æмæ йæ цалх фæцæф, дзыхълæуд фæкодта. Танчыты фæдыл цы немыцаг салдæттæ цыдис, уыдон фæ- тарстысты æмæ фæстæмæ лыгъдысты. Уыцы хæсты хъæбаты- рæй фæмард эскадроны хæстон Хъуылаты Къоста. Георги уыцы тохты хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Сталинграды фроиты 1942 азы декабры карз тохтæ цыдис Кательниковы æмæ Калачы горæттæ фашисттæй ссæрибар кæныны сæрыл. Горæттæ къухæй-къухмæ цыдысты. 61 дивизи хъæбатырæй йæхи равдыста, Кательников æмæ Калачы немы- цаг фашисттæ æрхъулайы бахаудтой æмæ куынæг.æрцыдысты. Сталинграды тугкалæн хæстыты фыдгул знаг дæрæн куы æрцыд, уæд лыгъдис Ныгуылæнмæ, фæлæ иуæй-иу горæттæ æмæ цæугæдæтты был æрфидар кодта йæ позицитæ рæстæгмæ. Сталинграды тохты фæстæ 4-æм корпус бахаудис Центра- лои фронтмæ. 14-æм гвардион бæхджындивизи немыцæгты ’фæс- чъылдым Цимлянскы горæты цур райтынг кодта стыр тохтæ. Цимлянскмæ фыццаг бабырста 56 полк. Ам хъæбатырæй хæ- цыд 1-аг эскадроны командир Тогуызты Георги æмæ хорзæх- джыи æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Георги Глуховы æмæ Черниговы горæттæ ссæрибар кæны- пы тохты активон хайад кæй райста, уый тыххæй та æртыккаг хатт хорзæхджын æрцыд, райста Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг къæпхæны орден. Немыцаг фашисттæ лыгъдысты Хурныгуылæнырдæм, æн- хъæл уыдысты, зæгъгæ, æрфидар уыдзысты Днепры рахиз фарс, фæлæ та сæ ам дæр сæ фын фæсайдта. Георги цы диви- зпйы уыд, уый та аййæфта немыцаг фашистты Днепры рахиз фарс донбылгæрæтты æмæ та ам дæр знæгтæ сæрсæттæн цæф баййæфтой. ,56 бæхджып полкæн бахæс æрцыд, цæмæй фыццаг ахыз- таид Днепрыл æмæ бацахстаид фаллаг фарс плацдарм. Ацы ахсджиаг хæс сæххæст кодта полк. Уым хайад иста Георгийы эскадроп дæр. 508
56-æм полчы фæстæ Днепры сæрты ахызт 14-æм дивнзи дæр. Дивизийæн лæвæрд æрцыд Сырх Тырысайы орден æмæ Мозыры горæты ном. Ацы операцийы тыххæй дæр та Георги хорзæхджын æрцы- дпс Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны орденæй. Георги хайад иста Белоруссы горæттæ Ковель æмæ Пет- ровкæйы ссæрибар кæныны тохты. Ацы горæттæм фыццаг ба- бырста 14 полк. Уым хайад иста Георгийы эскадрои дæр. Ба- хæццæ сты Польшæйы арæнтæм. Георги йæ хæстон фæндаг акодта Польшæйыл. Хайад нс- та горæттæ: Холмы, Люблин æмæ Демблен фашисттæй ссæ- рибар кæныны сæрыл тохты. Георгийы эскадрон бацахста горæт Холинмæ бацæуæн со- сæ фæндаг. Немыцæгтæн нал уыд Ныгуылæпырдæм алидзæи æмæ æрхъулайы бахаудтой. Георги эскадроны рейдон операцп радта дивизийæи йæ операцитæ æнтысгæйæ сæххæст кæныны фадат. Ацы ран махуæттæ байстой гитлеронтæй 60 автомаши- нæйы, 180 салдат æмæ афицеры та уацары ракодтой. Тогуызты Георгп ацы операциты хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орденæй. Георги ма хорзæхджын у авд майданæй. 1946 азы Георги æрыздæхт Ирыстонмæ, у дыккаг къорды^ инвалид, ныртæккæ цæры Цхинвалы. а
Гаглойты Аким МАДЫ САГЪÆС Туту ый раджы уыдис. Сардо æмæ Нуца сæ цард баиу кодтой æмæ цардысты Къуернеты хъæуы кæрон. Сæ иуæй сеннæ куыстуарзагдæр, фæлæ сыл цард нæ хæцыд. Бирæ фæ- цыд куыстагурæг Сардо, фæлæ уымæй дæр рæстмæ цард йæ къухы не ’фтыд. Цард сын ноджы фæзындæр, зæнæг сын куы рацыд, уæд. Фоидз лæппуйы æмæ иу чызг дарын хъуыд. Аф- тæмæй фыдæбæттæй æрвыстой сæ царды бонтæ. Хистæр дыууæ лæппуйы фыййау цæуынхъом фесты æмæ сæ æххуырсты радта. Ныййарджыты ныфс бацыд, ныр чæ цард фæхуыздæр уыдзæн, зæгъгæ. Фæлæ та нæ сæххæст сæ бæллиц. Меньшевиктæ æрба- Сырстой Хуссар Ирыстонмæ. Дур дурыл нал ныууагътой. Са- битимæ йæхи бааууон кодта Сардо дæр. Басыгътой йын йæ æнæбары хæдзар. Йæ хъæубæстимæ Сардо дæр йæ фæндаг скодта Ца^гат Ирыстонмæ. Дыууæ æнахъом лæппуйы, хордзен- ты, кæрдзыны къæбæртæ кæм уыдысты, уым нывæрдта æмæ афтæмæй схæрд кодтой хохыл. Сæ тых асаст, слæмæгъ сты уæрджытæ. Афтæмæй лæг фæцудыдта æмæ комы æнусон цъи- тийы амидæг æд уаргъ. йæ сæр фæхоста ус, нæ лæг бабын ис, зæгъгæ. Фæлæ мæгуырмæ дæр хатт цыдæр амонд кæсы, фер- 510
Къола Газан вæзт лæг, æмæ фæстæмæ цъæлтæ, цъæррæмыхстытæй схылд бинонтæм. Хуссар Ирыстон æрсабыр. Сырх тырыса сфæйлыдта Ирыс- тоньг сæрмæ дæр. Адæм зæрдæйы фæндонæй сулæфыдысты, алы рæттæй здæхтысты сæ хъæутæм. Сардо дæр æрцыд йæ уæ- зæгмæ. 1924 аз. Хъæуы цæрджытæ ног цард аразыи куы райдыд- той, уæд æрбарыичын хæдзары хистæр Сардо. Йæ амæлæты размæ æрымбырд кодта йæ зæнæджы æмæ сын иыффæ- дзæхста: — Мæ хъæбултæ, хицæн кæнын сымахæй, фæлæ мæ зæрдæ æнцой у. Схъомыл стут. Куыстхъом фестут. Мах хуызæн мæ- гуыртæ цæмæ бæллыдысты, уый сæ къухы бафтыд. Сымах дæр дзы хайджын уыдзыстут. Уæхи куыстæй макуы атигъ кæнут, макæйы зæрдæ уыл бахудæд. Гадзрахатæй макуы рацæут Райгуырæн бæстæйыл. Йæ зæнæгимæ идæдзæй баззад Нуца. хъомыл сæ кодта. йæ къух куыд амыдта, афтæ. Нуцайы зæиæг куыстхъом фесты, сæ цард бонæй-бон хуыз- дæр кодта. Сарæзтой хæдзар. Буц сæ уыд сæ мад дæр. * 5)
Хъæуы колхоз куы сырæзт, уæд Сардойы фырттæ дæр фаес- те нæ фæлæууыдысты. Бацыдысты колхозмæ æмæ райдыдтой иумиаг цард аразын. Колхозы фæрцы сæ цард кодта ноджы хуыздæр. Хистæр æфсымæр Илья кусын райдыдта Цхинвалы хъæдкуысты комбинаты, уый кæстæр — Газан та — киноме- ханикæй. Туту, Сырх Æфсады баслужбæ кæныны фæстæ, куыс- 1а Поты. Фæлæ фыдызнаг бахъыгдардта адæмы цард. Хæст райдыдта. Ахæм дуджы фæстæ куыд хъуамæ фæлæууыдаик- кой Тыбылты сахъ фырттæ дæр. Хъæуы фæсивæд фæдисы хъæр куы фехъуыстой, уæд радгай цыдысты æфсæддон къа- мисариатмæ. Сæ мадæлтæ, хотæ, сæ хæстæджытæ сæ сæрыс- тырæй фæндараст кодтой тохы быдырмæ. Уыцы райсом Нуца, иннæ райсомтау, аходæн цæттæ код- та. йæ фырт Къола та бригадир уыд. Колхозонты рæвдз кодта куыстмæ. Къола æнкъардæй æрбауад йæ мадмæ æмæ йын фе- хъусын кодта хæсты хабар. Мады зæрдæ йæхи къултыл бахос- та: «Мæ хъæбултæ», — йæ бон ма дзурын баци. Цыд рæстæг. Тыбылты хæдзары раз балæууыд постхæссæг. — Мæ зынаргъ мад, — фыста Газан йæ мадмæ, — баха- тыр кæн, кæй дæ нал федтон. Фадат мын нал фæцис. Абон скод- тон салдаты дарæс. Мæ фыды фæдзæхст мæ зæрдыл лæууы. Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын хъæуы фыдызнагæй. Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Ме ’мкъай æмæ мæ иунæг чызг дæ фæ- дзæхст. Фондз боны нæма рацыд, афтæ та Нуцайы фырт Къола колхозы куыстæй æрбацыд æгæр раджы: — Дæ куыст куыд тагъд ныууагътай, мæ хъæбул? — тыхс- тæй афарста мад йæ фырты. — Æфсадмæ цæуын, гыцци, — дзуапп радта фырт.. 1941 азы августы Къолайы дæр афæндараст кодта мад тохы быдырмæ. йæ кæстæр хъæбул Хардзен та уыцы рæстæ- джы службæ кодта Сырх Æфсады. Хистæр фырт Илья дæр Сирæ нал фæцис йæ мады цур, ацыд уый дæр æфсадмæ. Иунæгæй баззад фондз фырты мад. Æхсæвæй-бонæй хъа- руджын куыст кодта колхозы. Бирæ æхсæвты хуыссæг нæ уыд- та, цæттæ кодта хъарм уæлæдарæс фронтмæ æрвитынæн. Фыдызнаг йæ быцъынæг скъуыдта Мæскуымæ. Ацы тохты хайад иста Газан дæр. Уырдыгæй фыста: «Мæ зынаргъ мад, фыссын дæм Мæскуымæ хæстæг тохы быдырæй. Фашисттæ бырсынц размæ, фæлæ сын нæ хæстонтæ æдзух кæнынц ахъаззаг цæфтæ. Уырнæд дæ, тагъд нæ фыдыз- наг йæ мæлæт ссардзæн». Уый уыдис Газанæн йæ фæстаг фыстæг. Фондз хæстоны мад куыствæлладæй бады йæ хæдзары раз, Сагъæстæ кæны. Арф хъуыдыты ацыд йæ хъæбулты хъыс- Жæты тыххæй. Æрбауасыд халон. Цыма йын ,. йæ зæрдæйы кард ныссагъта, афтæ фæцис. Бакатай кодта, хæрзæджы уаст 512
лæу, зæгъгæ. Цалдæр мииуты фæстæ постхæссæг æрбахаста Газаны сау гæххæтт. Уым фыст уыдис: «Уæ фырт, Тыбылты Сардионы фырт Газан, хъæбатырæй мард фæцис нæ Райгуырæн бæстæйы столицæ Мæскуыйы цур карз тохты». Нуца йæ хъынцъымы хай фæкодта, фæлæ-иу йæхицæн ныфсытæ авæрдта, нырма мын цыппар фырты ис, зæгъгæ. Хорз нæ рауад æртæ фырты хъысмæт дæр. Фыдызнаг бырста Сау денджызы былтыл Фæскавказмæ. ДУР ДУРыл нал уагъта. Советон хæстонтæ фашистты ныхмæ удуæлдай тохты диссаджы хъæбатырдзинад æвдыстой доиы. Деиджызоп флоты службæ кодта Туту дæр. 1943 азы райдиа- ны йæ мадмæ фыста: «Денджызон салам дын, мæ зынаргъ мад. Хатыр мын, пыры онг дæм кæй нæ фыстон. Ныр дыууæ боиы науæй сарма- дзантæй æдзух æхсæм цыфыддæр знаджы. Нæ пауыл нын бом- бæтæ æркалдтой, фæлæ пыл ницы уадиссаг знæнттæ æрцыд. Нæхи цæттæ кæнæм Новороссийскмæ бабырсыимæ. Тæрсгæ ма кæн, ныфс дæ уæд, рæхджы кæй фæуæлахиз уыдзыстæм ;омæ дæм сæрæгасæй кæй æрыздæхдзыиæн». Цалдæр боны фæстæ Къуернетмæ æрцыд дыккаг сау гæх- хæтт: «Зынаргъ пыййарæг, Нуца. Хъусын уын кæнæм, уæ фырт, хъæбатыр денджызон Тыбылты Туту, знаджы ныхмæ карз тохы Новороссийскы дæлвæзы хъæбатырæй кæй фæмард. Уæ хъы- гыл мах дæр маст кæнæм». Цыдысты бонтæ. Хæст цырынæй-цырындæр кодта. Мад пæ бонтæ æрвыста цæстысыг æм.æ хъынцъымæй, фæлæ йæ ныфс, йæ хъару нæ састис. Куыста колхозы. Æнхъæлмæ кас- тис йеннæ æртæ фыртмæ. Украинæйы быдырты карз тохты хайад истой иннæ дыууæ æфсымæры Къола æмæ Хардзен. Мад та æфсæддон хайы хистæртæй фыстæг райста, Украинæйы зæххыл йæ фырт Къола йæ цард кæй радта, уый тыххæй. Йæ кæстæр хъæбул Хардзены хъысмæт абон дæр бæрæг пæу æмæ йæм нырма дæр æнхъæлмæ кæсы. Дуармæ унæр куы фехъуысы, уæддæр адзуры. «Акæсут-ма, чи зоны, уый нæ бæлццон у». Фæлæ нæй, йæ бæллиц не ’ххæст кæны. Сагъæс дæр уымæн кæны. Фондз фыртæй тохы быдырæй æрыздæхт æрмæст хистæр — Илья. ’ Уæззау низ райста Нуца йæ хъæбулты мæстæй. Уатон рынчынæй хуыссы æмæ сагъæстæ кæны. Абон дæр æй нæ рох кæнынц йæ цыппар зынгхуыст лæппуйы, афтæ бирæ кæй уар- зта/æмæ йын цæрынхъуагæй хæсты цæхæрæй чи басыгъд. Кæсы æнхъæлмæ, ныййарЪг мад. 33* *
Пухаты, Алыксаидр ЛÆГ ТОХЫ ФÆЛТÆРЫ Еыдис хуыцаубон райсом. Зæрдæ радис мæргъты зарджытæм хъусынæй. Сæ иугъæдОн цъыбар-цъыбурæй бæстæ сæ сæрыл истой. Æрдз уыдис цардæгас, алцы дæр — хъæлдзæг, цардæфсæст. Йæ хорз зæрдæйы уагыл уыдис скъолайы æрыгои директор Владимир дæр. Бæрзонд, фидæрттæконд лæппу, къах-къухтыл кафæгау, йæ рон æрбалвæста, йæ бæзджын сау сæрыхъуынтæ лæгъзфаст акодта, миты хуызæн урс-урсид хæдоны дыстæ суаиг рæмбыныкъæдзтæм басчъил кодта, афтæ- мæй рараст райцентрмæ, ахуыргæнджыты æмбырдмæ. Бынатмæ куы ’рбаввахс, уæд уынджы кæрон, бæлæсты бын чыртæ-чыртæй лæугæ ауыдта бирæ адæмы. Цæуылдæр хъæрæй дзырдтой, тыхызмæлд кодтой, уæззау-иу иыуулæфы- дысты. 1 «Ай цы хабар у? Ахæм бирæ адæм Карелы иу ран лæугæ- никуыма федтон. Уæртæ милицийы кусджытæй дæр се ’хсæи 514
чидæртæ ис. Машинæйы быи мачи бахауа», — йæ мид-зæр- дæпы хъуыды кодта цымыдис лæппу. — Лæппу, ай цы хабар у, адæм цæуыл схархаса сты? — афарста иу йæхи æмцахъхъæны. — Æбуалгъ хабар! Хæст райдыдта. — Кæд? Чи райдыдта? — Герман нæм æрбалæбурдта мæнгардæй. Ацы ныхæстæ йæ зæрдæйы, каконсындзау, аныхстысты. Дзурын ницыуал сфæрæзта. Уæззау, æбæрæг хъуыдытæ йæ сæ базыртыл скъæфтой дард кæдæмдæр. Ахуыргæнджытæ æмбырд нал скодтой. Бирæты зæрдæтæ ахсайдтой фронтмæ, тохы гуылфæнмæ. Владимирæн йæ зæрдæ пал ради, афтæ бирæ кæй уарзта, уыцы куыстмæ. Бонтæ йыл афæдзтау даргъ кодтой. Ныр йæ бæллиц уыд Райгуырæн бæстæн йæ тыхсты сахат чысыл истæмæй феххуыс кæнын. Дзырдта йæм йе ’мбæстагон намыс, сидтис æм, цард æмæ мæлæт ныхæй-ныхмæ кæм фесты, уырдæм. Иу райсом æм райцентрæй æрбарвыстой сидæн гæххæтт. Æрцыд æфсæддон къамисариатмæ. Уым ын загътон: — Æмбал Тыбылы фырт, фронтмæ дæ гæрзтæ кæй бæт- тыс, уый хорз у, лæгау-лæджы фæнд, фæлæ . ма нæ ам дæр адæм хъæуы. — Ам мæи чи раива, ахæмтæ бирæ ис. — Мах дын ахуыргæнæджы куыстæй нæ зæгъæм. Ам нæ æфсæддон къамисариаты кадртæ хъæуы. Бакус уал ам, стæй дæ искæцы æфсæддон раивдзæн. Лæппуйы бон нæ зæ- гъын нал бацис. Фæкуыста дзы афæдзы бæрц. Стæй барвæп- донæй ацыд архайæг æфсадмæ. Хæрзбон загъта йæ ныййар- джытæн, зонгæтæн. Тыбылы фырт райдианы службæ кодта 356-æм . азербай- джанаг æхсæг полчы. Уыдис хицæн ахуыргæнæн батальоны курсант. Уым фæбæрæг сты æфсæддон хъуыддаджы йе ’взыгъддзинæдтæ, йæ политикон цæттæдзинад. Иу æмæ дзы дыууæ хатты нæ раппæлыд батальоны командир. Курсыты фæ- уыны хæдфæстæ йæм йæхимæ фæсидтис, йæ разы йæ æрбадыи кодта æмæ йып худгæбылæй афтæ зæгъы: — Тыбылы фырт, ныр дын рæнхъы дыууæрдæм рацу-ба- цу кæнын æмæ æфсæддон чингуытæ рафæлдах-бафæлдахæй нал у. Цыдæриддæр базыдтай, уыдон практикæйы, æцæг хъуыддаджы сбæлвырд кæнын хъæуы. Владимир æм фæрсæджы каст бакодта. Уый йын цыма йæ хъуыды фембæрста, уыйау йæ ныхас фæбæлвырддæр код- та: — Знаджимæ æцæг хотыхы ’взагæй дзурын кæм хъæуы, уырдæм дæ ’рвитæм — 58-æм армийы дивизионы разведкæйы къордмæ. Ныфс мæ ис, дæхи хъæбатыр хæстонæй кæй равдис- дзыпæ. 515
— Дзырд дын дæ’дтын уый тыххæй, æмбал капитан. Командиры кабинетæй рахизгæйæ, æрыгон хæстон хъуы- дыты аныгъуылд. Разведчик суæвыи йæ бæллиц уыд, суанг йе ’рцыды фыццаг бонæй фæстæмæ. Æмæ ныр, йæ бæллиц сæх- хæст ис, уый куы базыдта, уæд фæхъæлдзæгдæр, цыма йын иолчы скъола йе ’вджид бакодтой, йæхи афтæ банкъардта. Йæ цæстытыл ауадысты фæсфронт фæсвæндæгтæ, æрхытæ, къу- тæрджын хъæдтæ, гакъон-макъон нарæг къахвæндæгтæ. Йæ хъусты анæрыдысты фыццаг гæрæхтæ. Цæгат Кавказы. фронт. Тыхджын æмæ æгъатыр знаг быр- сы размæ, фронты хахх æввахсæй-æввахсдæр кæны Кавказы хохрæбынтæм. Фæуæззаудæр сты салдаты мидхъуырдухæнтæ. Фæныхæй-ныхмæ сты лæджыгъæд æмæ тæппуддзинад. Мы- хуырæвæрдау баззадысты советон адæймаджы зæрдæйы.дыу- уæ дзырды: «Мæлæт фашизмæн!» Бон дзир-дзур кодта, афтæ арастис нысан бынатмæ раз- веткæгæнджыты къорд. Семæ ис Тыбылы фыртдæр, йæ авто- мат йæ, риумæ нылхъывта, цыма йын ахауыиæй тæрсы. Рæс- тæгмæ алцы дæр æрсабыр. Æрмæст-ма рæстæгæй-рæстæгмæ дард кæцæйдæр райхъуысы куыйты дзæгъæл рæйд, арвы тыгъ- дады ферттивынц иугай ракетæтæ, стæй та уысммæ баталынг вæййынц. Дымгæйы уддзæф нæй. Бæлæсты къалиутæ дæр не змæлыиц. æгæрстæмæй. Аивæй ахызтысты чысыл хæххон цæу- 1;æдоныл, стæй адгуыты фæуырдыг кодтой. Суыдтой ныхмæ- лæуджыты позицитæ. Цалдæр танчы хъæдрæбын лæууынц, сæ ныхтæ Хурыскæсæнырдæм скодтой, афтæмæй. Фашисттæ сæ уæлхъус. Фалдæр та æртæ сармадзаны схъил сты кæрæдзи фарсмæ, сæ дзыхтæ, кæфхъуындары дзыхтау, ныххæлиу кодтой, афтæмæй. — Гъеныр ацы цъаммæрттыл дæ зæрдæйы фæндонæй ав- томат суадз, — знаджы танкисттæм амонгæйæ, ныллæг хъæлæ- сæй сдзырдта нæ развæдсгарджытæй сæ иу. — Иунæг.æхст дæр нæ, стæй хъæрæй дæр мачи дзурæд. Кæсут,* махæй цас фылдæр сты. Куы нæ фæфиппайой, уæд нæ фæцæгъддзысты. Ахсджиаг зонæнтæ базонын ныртæккæ се скуынæг кæнынæй тынгдæр хъæуы, — загъта къорды хистæр. Фæстæмæ здæхгæйæ хæрхæмбæлд фесты знаджы æндæр къордыл. Хæст сын бацайдагъ. Хорз уыд æмæ сæ махуæттæ раздæр бафиппайдтой, сæхи барæвдз кодтой. Фашисттæй цал- дæр фæмард ис. Иннæтæ уый куы базыдтой, зæгъгæ, нæ хъуыд- дагæй ницы рацæудзæн, уæд адаг-адаг сæхи айстой. Уыцы то- хы Владимир фæцæф ис. Æмбæлттæ йын йæ цæф бабастой æмæ йæ афтæмæй нæхиуæттæм фæхæццæ кодтой. Уый уыдис Цæцæн-Мæхъæлы зæххыл станицæ Ищерскаямæ æввахс. Цас- дæ^ рæстæг фæхуыссыд Махачкалайы эвакогоспиталы. Куы сдзæбæх, уæд фæстæмæ йе ’фсæддон хаймæ ацыд. Арвыстой та йæ ахуыр кæнынмае ныр та политикон хаххыл ротæйы ко- 516
мандирты хæдивджыты курсытæм. Ам дæр та дзы тынг рай- гонд уыдысты йæ хистæртæ. «Курсыты ахуыркæнгæйæ, æмб. Тыбылты В. И. йæхи равдыста намысджын хæстонæй, хорз -кад ын ис командиртæ æмæ курсантты ’хсæн, у принципиалон, æхсæиадон куысты исы активон хайад. У хъаруджын адæймаг, партины хъуыддагыл æнувыд», — фыста 58-æм армийы по- литкусджыты курсыты хистæр, майор Трунов, Тыбылы фыртæи характеристикæ дæтгæйæ. Лæвæрд ын æрцыд лейтенанты ном. Уыцы курсантты иууылдæр арвыстой архайæг æфсады фæсчъылдыммæ, фæсфронт знаджы диверсаыттæ æмæ æндæр знагиуæггæнæг элементты куынæг кæныимæ. Цæгат Кавказы фронт среорганизацийы фæстæ иудзæвгар фæкуыста продсна- бы Управленийы. Уыдис бастдзинады афицер. Стæй та фæстæмæ тохы цæхæрмæ, размæбырсæг советон хæстонты рæнхъытæм. 1944 аз 4-æм украинаг фронт, 18-æм армийы 271 дивизийы 869 æхсæг полк. Уый уыдис знаджы фæстийæ сурыны, уый дæрæн кæныиы рæстæг. Бонæй-бон фыл- дæр кодтой ссæрибаруæвæг хъæуты æмæ горæтты нымæц, æввахсдæр кодта Уæлахизы бон. Фæлæ нырма хъуыдис бирæ зынтæ бавзарын. Владимириты дивизи хæцгæ-хæцын баввахс ис Карпаты хохрæбынтæм. Уый ныр уыдис полчы штабы хистæры æххуыс- гæнæг, хæсты уадтымыгъы æгæрдæр сфæлтæрдта ирон афипер. Поналницы æмæ Церковнаяйы хъæутæм æввахс знаджимæ мах- уæттæн бацайдагъис карз æмæ дæргъвæтин тох. Дивизи фæ- хицæн иннæ æфсæддон хæйттæй, стæй бахаудта иттæг зын уа- вæры. Сусæг документтæ чысыл ма бахъæуа бахауой зна- джы къухмæ. Тыбылы фырт кæд уыцы тохты фæкантузи, уæд- дæр йæ къухдариуæджы бын документтæ иууылдæр æвыдæй баззадысты. Фæцæфис, фæлæ уæддæр йæ тох нæ уагъта, ца- лынмæ дивизи знаджы æрхъулайы уæззау уавæрæй сирвæзт, уæдмæ, стæй бар-æнæбары дæр схуыссыд госпиталы Ста- ниславы областы Фомины горæты. Æнæуи дæр тынг сфæлахс, уымæй размæ уæззау уавæры бахаугæйæ. Къуырийæ фылдæр хор, доны хъæстæ нæ фæци. Госпиталы хуысгæйæ, базыдта Вла- димир, йæ хъæбатырдзинады тыххæй Сырх Стъалыйы орденæй хорзæхджын кæй æрцыд, уый. Арфæ йын кодтой рынчынтæ æмæ дохтыртæ. Куы сдзæбæхис, уæд æрвыст æрцыд фронты фæсауæрцы афицерон полкмæ, стæй та ССР Цæдисы мид- хъуыддæгты Адкомы бæрнуæвæг æфсæдты ,5-æм сæрмагонд’ полкмæ. Уым ифтонг кодта хицауадон бастдзинады хъуыддаг. Полчы фæлындзынады хистæры бынат ын йе ’вджид бакод- той. Уæлахизы бон æй æрыййæфта Чехословакийы, горæт Пар- дубицейы. Фæлæ ууыл нæ аскъуыддзаг йæ хæстон хæс, Уæла- хизы хæдфæстæ Владимириты æфсæддон хай æрвыст æрцыд Варшавæмæ, ахсджиаг паддзахадон хæслæвæрд сæххæст кæ- 517
ныны сæраппонд. 1948 азы апрелы демобилизацигонд æрцыд. Æрыздæхт йæ фыдыуæзæгмæ. - Кавказы хохрæбынтæй — Прагæмæ. Афтæ у Тыбылы фыр- ты хæстон фæидаг, маст æмæ цинæмхæццæ цаутæй хъæздыг фæндаг. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдтæн ирд æвдисæн сты цып- пар хæстон хорзæхæй дарддæр Уæлдæр Хистæркомандæгæнæ- джы 18 бузиыгдзинады. Уыцы кады гæххæттытæ абон дæр йæ- химæ æвæрдæй дары тохвæлтæрд афицер зынаргъ хæзнатау. Цыд рæстæг. Йемæ æмдзу кодта Владимир дæр. Кæмыты пæ.фæкуыста æфсадæй æрыздæхгæйæ, цы хъуыддаджы нæ равдыста йæ хъару. Йæ бæллицаг ахуыргæнæджы куыст дæр та бафæлвæрдта, Хуссар Ирыстоны адæмон рухсады инспек- торæй дæр акуыста. Цалдæр азы уыдис колхозы сæрбос дæр. Уыдис нæ областы Главлиты кусæг. Æмæ йæ куыстæй рай- гонд кæм нæ уыдысты,. ахæм бынат та уæвгæйæ кæм уыд. Мæнгæй нæ фæдзурынц, зæгъгæ: «Лæг тохы фæлтæры». Æмæ тохы фæлтæрд адæймаг та куысты дæр фæстийæ куыд хъуамæ баззайа? а
Пухаты Илья ИÆ РАХИЗ ЦОНГ ХÆСТЫ БЫДЫРЫ БАЗЗАД зауы районы Хуыцъейы хъæумæ хæстæг, Леуахи- пы былыл, хъæды астæу, фæзы, æрбынат кодта къапнæг хæххон хъæу Стырфæз. Ацы къаннæг хъæуы 1915 азы райгуырд æмæ схъомылис Тыбылты Раздены фырт Илья. Уый райдиан скъола каст фæци Хуыцъейы хъæуы æмæ 1936 азы та — Дзауы хъæууонхæдзара- дон техникум. Ильяйæн йæ бæллиц уыдис æфсæддон ахуыр райсын. Уып 1936 азы барвæндонæй ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм æмæ службæ кодта горæт Ленинаканы 65-æм æфсæддон бæхджып полчы. Уыцы аз æрвыст æрцыдис Киевы фистæг æфсады ахуыр- гæнæндонмæ æмæ йæ каст фæцис 1939 азы иттæг хорз ны- нысæнттимæ. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Ильяйы арвыстоГг комкоммæ хæсты цæхæрмæ, немыцаг фашисттæй Хъырымы ба- хъахъхъæнынмæ. Уæззау тохты бонæй-бонмæ фæлтæрдта ирои хъæбатыр хæстоп. Немыцаг-фашистон тыхæйисджытæ, залиаг калмау, арфæй- арфдæр бырыдысты иæ Райгуырæн бæстæм Гитлеронтæ тынг хорз зыдтой Керчы æрдæгсакъадахы хæстон стратегион нысаниуæг æмæ сæ тыхтæ радтой Керчы сæхи æрфидар кæнын- 519
мæ. Керчмæ æрбацæуæнты æппынæдзух æхстой сармадзантæй, хæдтæхджытæ та йыл калдрй бомбæтæ. Сармадзанты ’æхстæГг æмæ бомбæты фехæлды хъæрæй зæхх æнкъуысти, денджыз змæлыди. Ацы тугкалæн хæсты активон хайад иста Илья. Ам уыдис йæ фыццаг хæстон фæлварæи. Æхсæз мæйы дæргъы — 1941 азы декабрæй 1942 азы маймæ Илья уыд бæхджын æфсæдты эскадро- ны командир. Сæ дивизийы командир уыд номдзыд инæлар- майор Книга. Уыцы дивизи уæд уыдис хъахъхъæдады позици- йы Керчы æрдæгсакъадахыл. Немыцæгты тыхтæ уыдысты фыл- дæр æмæ дивизийы бахъуыд Керчы донбакæлæны рахизын. Дивизи куы хызтис доны, уæд немыцаг хæдтæхджытæ æппып- æдзух, ихуарæгау, калдтой бомбæтæ æмæ махуæттæи бирæ ба- зиан кодтой. Тыбылты Ильяйы эскадрон уыд хъахъхъæдады позицийы. Инæлар-майор Книга бардзырд радта эскадронæн,. цæмæй хъахъхъæна, дивизийы хæстонтæ доны куы хизой, уæд уыдон гитлеронты ’рбабырстæй. Ацы бардзырд Илья сæххæст кодта цæсгомджынæй, йæ эскадрон активонæй хъахъхъæдта æппæт дивизийы æфсæддон дæлхæйтты. Командæкæнынады хæс хорзæй кæй сæххæст кодтой, уый тыххæй Советон Цæдисы Маршал Буденный йæ бардзырды зæрдиаг арфæ ракодта Илья- йæн йæ æфсæддонтимæ. 1942 азы немыцаг фашистты размæбырсты заманы Куба- ны тыгъд быдырты сытынг карз хæстытæ. Илья уæд командæ кодта ротæйыл 40-æм хицæн мотомеханизацигонд бригадæйы. Бригадæйæн командир та уыд инæлар Цепляев. Илья цы бата- льоны уыд, уымæн та командæ кодта майор Савицкий. Бригадæ уæд лæууыд Кубаны цæугæдон Беляйы цур. Дон Беляйыл цы хид уыд, уый махуæттæ минæтæй фехæлдтой, фæлæ гитлёрон- ты механизацигонд æфсæдтæ уæддæр доны рахызтысты æмæ •40-æм бригадæ бахаудис знаджы æрхъулайы. Бригадæйы ко- мандæгæнæг инæлар Цепляев бардзырд радта йе ’фсæдтæн, цæ- мæй хъазуат тохы руаджы раирвæзой знаджы æрхъулайæ. Майор Савицкийы батальон, разсгарæг уæвгæйæ, хъуамæ атыд- таид ’знаджы æрхъула. Батальоны разæн цæуын та хæсгонд уыд Ильяйы ротæйæн. Фыццаг машинæйы бадтис Илья йæ хæс- тонтимæ. Иудзæвгар куы ацыдысты, уæд сæ знæгтæ æхсын рай- дыдтой пулеметтæй. Фæцæф йæ машинæйы цалх. Илья скоман- дæ кодта, цæмæй знаджы пулемет куыиæг æрцыдаид. Уæд æф- сæддонтæ æмæхст фæкодтой æмæ æцæгдæр скуынæг знаджы пулемет. Æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы фæхæцыд бригадæ. Ацы тугкалæн хæсты бирæ фæцагъдис знæгтæй дæр æмæ ма- хæй дæр, фæлæ уæддæр бригадæ раирвæзт знаджы æрхъулайæ. ’Уый фæстæ 40-æм бригадæ хæцгæ-хæцын, знаджы хъахъ- хъæдады ног позицитæ æхсгæйæ, фембæлдис гитлеронтыл Ку- шерскæйы. Махуæттæ нæ зыдтой, гитлеронтæ станицæйы уы- дзысты, уып. Ам дæр та бригадæйы разæй Цо1Д Ильяйы ротæ. 520
Уыдон фашистты машинæтæй басыгътой дыууæ, скуынæг сын кодтой сæ хæстонтæй бирæ. Райсомæй изæрмæ фæхæцыдысты ,-»мæ, знаджы тыхтæ кæд фылдæр уыдысты, уæддæр нæ брига- дæ фæуæлахиз æмæ æрцахста ног хъахъхъæдадон позицитæ. Немыцаг фашисттимæ карз тохты Илья йæ ротæимæ йæхи лъæбатырæй кæй равдыста, уый тыххæй йын батальоны комаи- дир майор Савицкий ныффыста мæнæ ахæм хæстон характе- ристикæ: «1942 азы августы немыцаг тыхæйисджытимæ тугкалæн юхты Каша-Хабиллийы цур æмæ станицæ Кушерскæйы (Куба- ны) æмбал Тыбылы фырт йæ ротæимæ стыр цæф фæкодта зна- гæн, разиæнттæ кодта гитлеронтæн, æмæ уымæ гæсгæ хорзæх- джын цæуы Сырх Стъалыйы орденæй. Уый фæстæйы хæстыты Котлаваны хъæуы бынмæ (Туапсемæ хæстæг) 1942 азы 28-æм. августы ноджы дæр Тыбылы фырт йæ ротæимæ фæстæмæ ап- пæрста знаджы 21 атакæйы æмæ 2 хатты та ацыдис.контрата- кæйы. Батальоны командир майор Савицкий. 1942 аз 28. 10». Тыбылы фырт йæ хæстон хæстæ æххæст кодта дарддæр,. карз тохты бырста размæ, знæгты ныхмæ. Сæ бригадæ Кубанæй Туапсейы ’рдæм, «Чертовые ворота» кæй хуыдтой, уым сæйраг рахизæны хъахъхъæдады куы уыдис, уæд Ильяйы ротæ байста немыцæй 100 стуры æмæ 250 та фыстæ æмæ сæгътæ. Ацы тро- фейæ спайда кодта бригадæ, Ильяйы ротæйы æфсæддонтæн та Цепляев йæ бардзырды бузныг распдтис. 1942 азы ноябры Туапсемæ рахизæны немыцæгтæ æхстой минаметтæй, сармадзантæй 40-æм бригадæйы позициты. Тынг- дæр та тыхстысты мах æфсæдтæ, немыцаг хæдтæхджытæ «Юи- керстæ» æмæ «Мессершмиттæ» сыл æдзухдæр бомбæтæ кæй калдтой æмæ сæ уæлдæфæй кæй æхстой, уый тыххæй. 1942 азы 17 ноябры знаджы ихуарæгау нæмгуыты бын ба- хаудта Илья. Иæ рахиз цоиг ын знаджы минæйы схъис бынтон арæдывта. 1946 азы Илья сæрибар æрцыдис Советон Æфсады рæнхъы- тæй куыд дыккаг къорды инвалид æмæ æрыздæхт йæ рай- гуырæн бæстæм. Уый цалдæр азы цæсгомджынæй фæкуыста Цхинвалы горæты æндæр æмæ æндæр уагдæтты. Ныртæккæ тз: кусы облфинхайады. *
Гафе ? АМЫРАНАУ БАСТ, ФИДАР æст мæлæтхæссæг кæп у, ууыл ничи дызæрдыг кæ- пы. ^афхæ, судзгæ æмæ халгæ кæй кæны, уый дæр диссаг ни- кæмæ кæсы. Диссаг уый у, æмæ ма хæстæй чи раирвæзт йæ уæ- зæгмæ, уый хæсты фæстиуæджы цы тухитæ æмæ хъизæмæрттгТ æрвиты, уый. Кæд искæмæн йæ зæрдæ дур кæиæ къуырма у, кæд исчи хæсты фæзындмæ æнæмæт цæстæй кæсы, кæд исчи хæсты койæ пæ ныккæрзы æмæ нæ зæгъы: «Фесæфæт хæст! Мæлæт хæст- хæсджытæн!», уæд бакæсæд Тыбылты Къоламæ æмæ хæст йæ цæсты сындз фестдзæн. Кæд исчи царды ад нæ хаты, Фыдыбæстæйы йæ амонды сæр нæ хоны, уæд фенæд Тыбылты Къолайы, бамбарæд, уыГ/ нæ Райгуырæн бæстæйæн йæхи куыд снывонд кодта, æмæ уæд ба- зондзæн царды ад азмæ Фыдыбæстæм уарзондзинад дæр. Тыбылты Пирузы фырт Къола (Никъала) цæры Знауыры рат5оны Грузтальчы хъæуы. Чысылуæладзыг хæдзар, цыма, хо- :522
л-ы фахсыл йæхи бакъул кодта, афтæ зыны. Хох бæрзонд фæ- цыд. Сæрысшрæй лæууы æмæ фæлгæсы йалфæмблай: уæртæ тальчы фабрикæ. Æндон куыройы фыдтæн æнцон нæу дур тальк ссын æмæ гыбар-гыбур кæнынц хохрæбын. Сафынц æр- дзы æицойдзинад. Сæ нæрд цардæгас кæны уырдыглæууæг хо- хы ф^ахс. Уæртæ уыцы фарс та Цънелисы хъæу ис бынæй. Дон уæмг- рогæй уайы æмæ æнæмæт зарджытæ кæпы. Тальчы хъæуы дæр, стæй Цънелисы дæр алкæмæи ис йа«- хи куыст, йæхи мæт, йæхи сагъæс. Цард уый бæрц диссаг æмæ вазыгджып у æмæ дыууæ хæдзары бинонтæн уа иугъуызон уа- вæр æмæ змæты хай, уый гæнæн нæй. Чи рæвдздæр у, чи цыбыр- дæркъух, чи йæ райсомыл заргæйæ сæмбæлы, чн — æрхæн- дæгæй. Цард тагъд ивы адæймаджы сагъæс дæр æмæ мæты хай дæр. Æрмæст Тыбылты Къолайы царды ницы ивындзинæдтæ цæуы. Лæджы царды ивындзинæдтæ уæд æрцæудзæн, æмæ йæ уæнгтæ йæхи бар куы уой, къахыл куы цæуа, нæ боп кусып куы уа, цæсты рухсæй хайджын куы уа. Фæлæ Къолайæи уыцы амонд нал ис. Бырытъиаты Елбыз- дыхъойы Амыран къæдзæхмæ баст’ куыд уыд, афтæ пиз дæр Къолайы ныббаста сынтæгмæ. Иæ буар нал исы. Къæхтæ æмæ къухтæ нал змæлынц — бандзыг, бахус сты. Бындз ыл куы аба- да, уæд æй пæ асурдзæн. Цæстæй нал уыны. Ахæм уавæры ис 17 азы. Æрмæст хъусæй нырма рæвдз у. Æмбисонд та у йæ зонд. Уый у рухс æмæ цыргъ. Диссаг та нæ мысынад. Чысылæй фæстæмæ цæстæй цы федта, цы фехъуыста, уыдон, тынг æнкъа- рынгæнæг пленкæйау, мыхуыр æрцыдысты йæ мысынады. Йæ хæстоп æмбæлттæ цы нал æрымысынц, уыдон дырысæй æмæ бæлвырдæй хъуыды кæны Къола. Хъус æмæ дын сæ дзура. Йæ хъæлæс фæлмæн, йæ ныхас цымыдис. Иæ цард — хæххон ирон лæджы цард, алкæмæн дæр бæрæг æмæ зындгонд у. Йæ хæстои фæндаг — уæззау æмæ са- гъæссаг. Къола райгуырд 1909 азы Хъобы хъæуы, Хашуры районы, 1938 азы онг кодта зæххы куыст. Уыд ’фсады. Куыста Знауыры районы хъæдгæсæй. 1941 азы ацыд фронтмæ, декабры мæйы бахауд Севастополмæ. Уыди 154 полчы бастдзинадон. Карз тох- ты фæстæ полчы бахъуыд Максимовы дачæйы онг фæстæмæ алæууын. Ам уыд арфкъахт тунелтæ, парк. Фесты дзы цас- дæр. Дивизийы бахъуыд поджы алæууын. Ацæуыны хæдразмæ тунелы æрхауд бомбæ. Тунел ныттыдта. Бастдзинадонтæй би- рæ фæмард, Къолайы бомбæйы фехæлды улæн къулыл ныццав- та. Къахыл нал слæууыд, йæ зонд фесæфт. Куы ’рчъицыдта, уæд фыццаджыдæр фехъуыста æцæгæлои ныхас. Уыдон уыдысты немыцæгтæ. «Æтт! -— пыккуыдтон сывæллонау. Нырма рæстмæ куы 523
ницы .сарæзтон, афтæмæй знаджы къухмæ куыд бахаудтон! — Мæ риумæ мын немыцаг ныддардта автомат æмæ дзуры, цæмаей сыстон». — Иæ зæрдæйы стыр рис дзуры цæссыгкалгæ Къола. Уацайрæгты ныттардтой Симферополмæ. Ам фесты аст мæйы. Уый фæстæ сæ фыдвæндаг уыд горæт Горячи — Гер- ман — Крушина (Полынæ). Крушинæйы лагеры Къола баиу, йæхи хъысмæт кæмæн уыди, ахæм ирæттимæ. Уыдон уыдысты Санахъоты Мухтар, Лохты Георги, Бестауты Андруша, Карсан- ты Къола, ахуыргонд лæг, къобаг, Хъазиты Лентъо, Ленингоры районаг æмæ дыууæ та — Дзæуджыхъæуæй. Ам уацайрæгтæй арæзтой Советон Æфсады ныхмæ æфсæд- дон хæйттæ мыггæгтæм гæсгæ. Хуссар ирæй дзы чи уыд, уыдон иу кодтой гуырдзиæгтимæ. Къола ам базонгæ бирæ æидæр ирæттимæ. Уыдон уыдысты Кокойы фырт (хуыцъейаг), Битеты Никъала (уахтъана- йаг), Хъæцмæзты Иосиф (Иоскъа), Елкъандишвили Къола (каспаг, амард Тесселы), Æлборты Владимир (цънелисаг), Хе- тæгкаты Димитри, Бекъойты Арчил (зиулеттаг). Батальоны æфсæддонтæй алкæй дæр фæндыд йæ райгуырæп бæстæм исты амæлттæй баирвæзын. Фæлæ хæцæгæй, хæстонæй ацæуыныл разы ничи’уыди. «Ау, мæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ куы ацыдтæн, ард куы бахордтон, уый тыххæй, уæд ныр та йæ ныхмæ ацæуон, знаг ын суон. Уый гæнæн нæй. Фæлтау — мæлæт». — Ахæм фæндтæ уыди кан’д Къоламæ нæ, фæлæ ма, Къола кæй зыдта,. уыдонæн се ’ппæтмæ дæр. Алчи йæхицæн æвзæрста мæлæт. Фæлæ ма, чи зоны, цы нæ вæййы, лæг былæй куы хауы, уæд ма халыл дæр фæхæцы. Уы- мæ гæсгæ батальоны хæстонтæй бирæтæ змæлын райдыдтой, — бирæтæ дзы алыгъд хъæдмæ. Уымæ гæсгæ немыцаг командæкæиыпад батальоны арвыс- та фыццаг Луанмæ (Францмæ), стæй Зандвортмæ, (Голланди- мæ), уый фæстæ та — Тесселы сакъадахмæ (уый дæр Голлан- дийы зæхх у). Уацайрæгтæ разы кæй нæ уыдысты се ’мбæстæгты ныхма» хæстмæ. цæуыныл, ууыл дзурæг у мæнæ ахæм цау дæр. Дзуры Къола: «Немæ уыди иу æвзонг æмæ хæрзконд лæппу Зæгъойтæй, нæдæр ын йæ ном базыдтон, нæдæр — кæцон уыди, уый. Фæлæ уыди диссаджы хъаруджын. Зандворты лагеры ма куы уыдыс- тæм, уæд иу æхсæв алыгъд. Ахызт Францмæ. Уырдыгæй афтыд суанг Сицилимæ, фæлæ йæ йенамондæн уæддæр æрцахстой. æркодтон йае фæстæмæ къухбастæй. Мæлæт ын стæрхон кодтой. Мах æрæмбырд кодтой æмæ йæ нæ разы æрцауыгътой, цæмæй махæй ахæм ми бакæнын мачиуал бауæнда. Ацы цауы фæстæ немыцаг командæкæнынадæн йæ зæрдæ кæмæ æхсайдта тынгдæр, уыдонæй иу æхсæв æрцахсын кодта 60 лæджы, сæ фылдæр — ирæттæ. Махæй сæ фæхицæп кодтой 524
Каздæмдæр сæ акодта эмигрант æмæ уæйгæнæг Бакрадзе. Уы- аы къорды уыдысты Тедеты Федыр, Æлборты Владимир. Хе- тæгкады Димитр æмæ æндæртæ. Уæдæй фæстæмæ махимæ нал Нфбаиу сты. Уый фæстæ батальон æрвыст æрцыд сакъадахмæ, цæмæй чазстоитæн лидзын æмæ змæстыты фадат мауал уа, зæгъгæ. Фæлæ советон хæстонтæ уæддæр сæ сусæг куыст нæ уагъ- :ой. Æппæт дæр сцæттæ ис растадмæ. Растады хæс уыди, цæ- мæй дæрæн æрцыдаид батальоны немыцаг командæкæнынад». Къола бахауд батальоны фыццаг ротæмæ. Ротæйы коман- дир уыд Натрошвили. Къола уыди минæхсæг. Йæ минæтæй дал знаджы зынг бахуыссын кодта, уый бæрæг Къола нæ зоны. Фæлæ немыцæгтæ атакæйы цалдæр бырсты æрбакодтой ротæ- .мæ. Ацы рæстæджы Къолайы минæтæ сæ куыст кодтой: размæ- бырсæг немыцæгты ’хсæн-иу куы сæмбæлдысты, уæд-иу дзы ^тæмты йедтæмæ ничиуал фервæзт. • Фæлæ немыцæгтæ тыхджындæр райдыдтой. Континентæй сæм ног тыхтæ калдтой. Гуырдзиаг батальонæн та нал нæмыг уыди, нал хойраг. Хæцæнгæрзтæ ныцъцъæл сты. Къолайы мина- метыл немыцаг сармадзаны нæмыг сæмбæлд æмæ йæ фæхаста. Тынг куы стыхст, уæд батальоны хæстонтæй иуæй-иутæ алыгъдысты немыцмæ, уæлдайдæр, уыдонæн дзырдхæссæг чи уыд, ахæмтæ. Къолайы æмбæлттæй иу — Бухридзе ахæм ми ба- кодта. — Фæлæ йæ немыцæгтæ фæстæмæ æрбарвыстой махмæ, цæ- мæй мах ныууагътаиккам нæ тох æмæ нæхи радтаиккам немыц- мæ. Мах рахицæн кодтам быдырон тæрхон. Уый рахаста фехсты тæрхон Бухридзейæн. Ууыл фæци йæ цард уæйгæнæгæн. — Зæгъы Къола. Иугæр батальонæн йæ бон куы нæ уал уыди фронталон æмæ организацион æгъдауæй тох кæнын, уæд йæ командир Ло- ладзе Шалва бардзырд радта, цæмæй хæстонтæ чысыл къорд- тæй фæхицæнтæ уой æмæ партизанон тохмæ рахизой. Минæхсджытæ Къола, Заралидзе Ладо, Гвенетадзе Але- ша, Малакия Шаликъо, Ломая Дуро фæкъорд сты. Бабадтысты иу къохы. Немыцаг взвод сæм æрбабырста. Фæлæ уыдон быгъ- дæг ран кæй уыдысты, уый тыххæй сæ бон нæ уыд хъæдмæ раст æхсын. Уый хыгъд сæ Къола æмæ йе ’мбæлтты чысыл къорд бындзагъд фæкодтой. Ацы тохы фæмард Заралидзе Ладо. Фæстагмæ аны къорд баиу голландиаг партизанты балмæ. Уыдон махуæтты бон æмбæхстой сæ хæдзæртты, ныккæндты. Æхсæв-иу иумæ ацыдысты æмæ-иу ныццавтой немыцæгты. Аф- тæмæй сын бирæ зиаи кодтой. Ацы къордмæ ма æрбаиу бата- льонæй бирæ чидæртæ. Уыцы нымæцы Джиоты Къоста дæр. Иу хатт Къоста иунæгæй амардта цыппар немыцаджы æмæ нæм æрбахаста сæ автоматтæ. Голландиæгтæй сырæзт партизанон къорд, уыдон сæриба- 525
рæи цыдысты Тесселы сакъадахыл, уæлдайдæр та бьшæтток ’цæрджытæ уыдысты æмæ сын уыцы бар уыди. Бон-иу базыдтой* цырæтты бадынц пемыцæгтæ æмæ-иу сæ Къола æмæ йе ’мбæлт- тæ æхсæв скуынæг кодтой. Къолайы иу амонд уыди æмæ уыцы зын æмæ уæззау тохты пæмыгæй цæф иикуы фæци/ — Æниу цæф куы фæуыдаин æмæ уымæй куы амардаин, уæд ныр ахæм хъизæмары бонтæ не ’рвитин, — æнкъардæй загъта Никъала. Къола хæсты никуы фæцæф. Фæлэз йæ 1941 азы бомбæйы хæлды улæныл цæф æнцой никуы уагъта. Йæхи хатыд тынг æв- зæр — æдых, æнæбон, рыст йæ астæу. 1946 азы æрыздæхт сæхимæ. Иæ хæдзар æрыййæфта æдзæл- лагæй. Р1е ’фсин хæсты уæззау уавæртæ нæ бабыхста, æндæр мон скодта. Къола æрхаста æндæр бинонтæ — Тедеты Иунийы. Ис ын чызг Зали, 11 аздзыд. Къола йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй 1946 азæп 1952 аз- мæ уæлгъæдæй рынчын уыди. Фæлæ уæддæр куыста, йæхи нæ уагъта. Фæндыд æй йæ хæдзар, йæ бинонты цард йæ къахыл слæууын кæна. Фæлæ... Хæсты æвирхъау уæз йæ кæнон кодта. Нуæртты низ (паралич) стыхджын. 1952 азы Къолайы фæуатон кодта. 1956 азæй фæстæмæ та хуыссы уæлгоммæ æнæ сыстгæ, æнæ фезмæлгæ. ч Трагеди... Хæсты фыдбылыз, хæстæй æрцæугæ æнамонддзи- над. Тедеты Иунийы кой цæмæн æркодтон? Уый фазынд канд хорз ирон адæймаг нæ, фæлæ ма иттæг хорз æмкъа-й дæр. Зын у Къолайы хуызæн тыхст æмæ уæззау рынчынмæ кæсын. Уымæ чысыл сывæллоиау зилын 13 азы дæргъы. Фæлæ Тедеонмæ ис ирон иамыс æмæ ирон адæймаджы стыр лæджыгъæд. Уыдон ын йæхи дæр æмæ йæ хъуыддæгтæ дæр рæсугъд кæнынц, йæ кад та— бæрзонд. Бахъуыды бон уыйбæрц лæггад кæнын алкæмæн йæ бои нæу. Знауыры районы Грузтальчы хъæуы, хохы фахсыл бабукъ. иу къаннæг хæдзар. Ам цæры Тыбылты Къола, Фыдыбæстæйон Стыр хæсты хайадисæг, Райгуырæн бæстæйы сæрыл æнувыд тохгæнæг. Цæры. Хуыссы. Амыран къæдзæхыл куыд уыд баст, афтæ Къола та у сын- тæгмæ баст. Къола цæры æмæ быхсы æппæт зындзинæдтæ дæр. Йæ зæрдæ ма уæддæр буц у уымæй, æмæ ацы тухитæ йæ Фыды- бæстæйы тыххæй кæй сты. Уымæ гæсгæ сæ быхсыныл разы у. I I ^
Гаглойты Владимир ЦАРДÆЙ МÆЛÆТЫ ХСÆ«Н.,. |ымæ кæм дæн? Ахæм тар цæмæн ныцци æхсæв æмæ хъустæ цæмæн кæнынц ахæм æиахуыр гуыр-гуыр? Æпиу мæ фæс- къæбут, цыма йæ исчи дзæккорæй ныццавта, уыйау мын мæ уд ласы. Гъей, джиди, иу хуыпп дон, мæ уд гæркъайы хуынчъы алæст æмæ сæфын. О, фæлæ куыд ничи зыны æххуысмæ, ау, цы- ми кæныи ам иунæгæй, æмæ гыцци та кæм ис, ау, куыд нæ уы- пы фæуынгæджы йæ хъæбулы уд æмæ йын йæ фæлмæн къух куыннæ æрбавæры фæскъæбуты бын... Гыцци, мæхи гыцци, цы фæдæ, уæдæ! Æви абон уæззау куысты фæстæ æгæр афынæйЬ дæ æмæнал хъусыс мæ утæхсæн... Фæлæ нæ, гыцци, æвæццæгæн, хæдзары нæй, æндæра мæ уæлхъус æрбалæууид... Кæд та мый- йаг йæ цæгатмæ ауад, йæ чысыл æххормаг сабитæн иу къусы дзаг ссады тæпп самалкæнынмæ... Æвæццæгæн, афтæ уыдзæн... Афонмæ, кæмдæриддæр ис, хæццæ кæны. Бафæразын хъæ- уы... Ох, ацы æнæхаиры къæбут, удхарæй мæ куыд марыс... Уæд та рухс куы уаид, уæд фенин кæм дæн, цы мыл æрцыд... Кæм дæн?. Багъæц-ма, багъæц... уый абон мæ ротæйы дже- богъæй тохмæ куы акодтон. Знаджы контратакæйы аппæрстам- иу хатт, дыккаг хатт, фæлæ уый фæстæ цы бадæи? Цы фестьс мæ ротæйы хæстонтæ! Цæмæн ныууагътой сæ командиры ам? Æвæццæгæн сæ удæгасæй иичиуал баззад. 527"
Ау, кæд афтæ у, уæд æз ам куыд æнцад хуыссын... Сыстон... Фæлæ ме уæнгтæ куыд нæ уал кæсынц мæ коммæ... мæ сæр.. ’Гыцци, цы фæдæ, гыцци!» — фæсидтис та æххуысмæ æмæ та цогæй бауадзыг. Уый уыд 1942 азы Хъырымы зæххыл. Керчы горæтмæ ба- цæуæиты карз тохты мидæг уæззау цæф фæци лейтенант Ты- джыты Серги æмæ ныр æхсæвы тары тохы быдыры мæцыди йæ туджы. Иуафон ногæй æрчъицыдта, йæ цæст гæзæмæ ахаста йæ алы фарс. Ныр æхсæвы тар цыдæр фæци. Денджызы æрды- гæй арвыл стылди мæйы цалх æмæ барухси тохы быдыр. Фæлæ цæст кæйонг уыдта, уым змæлæг никуы зыны. Раст, цыма, дуне мæрдон фынæй баци, уыйау, хъыпп-сыпп нæ хъуысы. Æрмæст рæстæгæй-рæстæгмæ дард денджызы былгæроны ’рдыгæй æр- байхъуысы сармадзанты уынæр. Бамбæрста Тыджыты хæстон, цы фыд ыл æрцыди, уый. Тыхамæлттæй йæ иу фарсыл æрзылд, æмæ ризгæ къухæй æрыс- гæрста йæ буар. Уæззау цæф у. Ныр йæ зæрдыл æрлæууыд абон мзæрырдæм йæ ротæйы джебогъæй тохмæ куы акодта, уæд зна- джы сармадзаны нæмыг йæ фæстæ кæмдæр куыд фехæлд, йæ хтбустæ æуыцы æнахуыр къуырма аисты æмæ цы баци, уый нал рахатыд. Цы фесты йæ хæстонтæ? Æвирхъау хъуыдытæ схæлбурцъ- кодтой иæ сæры магъзы. Æвæццæгæн знæгтæ хъахъхъæдад атыдтой, байстой Керчы горæт æмæ æз ам тохы быдыры баз- задтæн. Райсом бон куыддæр æрбарухс уа, афтæ немыц, æвæццæ- гæн, зилдзысты тохы быдырыл æмæ ма цæфтæй, удæгасæй кæй ссарой, уыдон фæуынкæндзысты, кæнæ та сæ уацары акæндзыс- ты. Нæ, Серги йæхи уацары нæ ратдзæн. Куы йæм фæзыной йе знæгтæ, иу дыууæйы дзы агæрах кæндзæн... Стæй та йæхи... Æрысгæрста йæ дамбаца, нæмгуытæ йæм фаг ис, ууыл йæ зæрдæ куы фæдардта, уæд æй йæ фарсмæ æрæвæрдта. Æвæдза, диссаг у адæймаджы хъысмæт, кæм æй æрæййаф- дзæн, — нæ йæ фæзоны. Æниу мæлæт цал æмæ цал хатты зыл- ди Сергийы фæдыл, æмæ-иу ыл Серги кæддæриддæр фæуæла- хиз. Фæлæ йæ ацы хатт æгæр йæ уæлныхты систа, æмæ йыи йæ каконсындз æнгуылдзтæ йæ хурхмæ бахаста. Фыццаг хатт уыцы удхайраджы æхсæв Серги ныхъхъуыды лодта йæ нвгъуыд азтыл. Фыццаг хатт цардæй мæлæты ’хсæн цы æрдуйы хид ис, ууыл йæ цард куы æрæвæрдæуыд, уæд, ай- дæны кæсæгау, йæ цæсты раз сыстадысты йæ ивгъуыд бонтæ, йæ лæппуйы азты тæлтæг æмæ базырджын сагъæстæ. Райгуырд 1914 азы Хуссар Ирыстоны, %КъУеРнеты хъæуы, мæгуыр зæхкусæг лæг Тыджыты Иосебы хæдзары. Уыцы аз дæр гæнамонды аз уыди, Германы империализм æмæ паддзахы Уæ- р)æсе фæбыцæу сты, æмæ цалдæр азы адæмы туг лæсæнтæ код- та тохы быдыры. Уыцы хабæрттæ Серги рæстмæ нæ хъуыды 528
качш. Æрмæст ма, фыны феиæгау, нæ зæрдыл лæууы, 1919 азы йын меньшевиктæ йæ фыды куыд амардтой, æмæ æнахъомæй пæ мады æвджид сидзæрæй куыд баззад, уый. Фæлæ фесты удхайраджы бонтæ, æмæ уазал зымæджы фæстæ ракастысты уалдзыгон хъарм хуры тынтæ. Ныллæууыд пог рæстæг, æмæ æвзонг Сергейы, йæхи хуызæн сидзæртау, ба- тавта пог дуджы амондджын хур. 1922 азы бацыд сæ хъæуы чрапдиан скъоламæ. Фæстæдæр, 1929—30 азты каст фæци Цхии- валы ирои фæллрйадон скъола æмæ куыста’ахуыргæнæгæй. Фæ- лæ æвзонг Сергийы зæрдæ дарддæр йæхи ’æппæрста ахуырмæ, æртæ азы бæрц уыд Цæгат Ирыстоны æфсæнвæндæгты техни- кумы студент, горæт Саратовы педагогон рабфакы студент, фæстæдæр та Саратовы педагогон институты студент. 1936 азы йæм æрсидтысты æфсадмæ. Уыд Киевы фистæг æфсады ахуыргæнæндоны курсант, ахуыр куы фæци, уæд æй службæ кæнынмæ арвыстой Дард Скæсæнмæ, уыд г.' Дальнийы æфсæддон гарнизоны комендант. 1937 азæй 1939 азмæ та Дард Скæсæны 1 денджызгæрон армийы 14 æхсæг полчы пулеметон ротæйы командир... æмæ хæст... Хæст япойнаг самурайтимæ Хасаны цады цур. Рагæй йæ- хп цæттæ кодта япойнаг империализм Советон Дард Скæсæ- мы районты байсынмæ. Советон бæстæйы арæнтæм æввахс са- рæзта стыр хæстон фидæрттæ, арæнтæм æрбакалдта йе ’фсады хуыздæр æмæ æфсæДдбн æгъдауæй’ цæттæдæр’ хæйттæ. Тохтæ уæззау’ æмæ карз уыдысты. Уыцы ран йæхи иттæг арæхстджынæй равдыстаСергийы пулеметон ротæ. Советон Æф- сады командæкæнынад æй схорзæхджын кодта Сырх Стъалы- йы орденæй... Уый фæстæ уæззау цæф фæци æмæ хуыссыд Ха- баровскы æфсæддон рьшчындоны. Цалынмæ йæ хъæдгæмттæ дзæбæх кодтой, уæдмæ хæст фæ- ии, æмæ Серги æрыздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ. Куыста Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты управленийы. Фæлæ йын уыцы ран бирæ акусыны фадат нæ фæци. Ногæй та йæ бахъуыд фронтмæ, ацæуын. Ныр Дард Скæсæны ’рдæм нæ, фæлæ Ныгуы- лæны ’рдæм, гермайнаг фашизмы ныхмæ. Серги, куыд фæл- тæрд æфсæддон командир, афтæ йын йæ бæрн бакодтой 51 ар- мийы 83 денджызон гвардиаг æхсæг бригадæйы 244 æхсæг пол- чы автоматчикты хицæи ротæйы. Æмæ та, кæддæрау, сау мæлæт зилын райдыдта Сергийы фæдыл. Нæ, ныр япойнаг самурайтимæ цы тохтæ самадта, уымæй карздæр æмæ æвирхъаудæр уыдысты. Фæбыцæу сты цард æмæ мæлæт. Фашизм æгъатырдæр разынди, æмæ афта? •æнцонæн йæхи нæ лæвæрдта. Тохтæ æнæнтау уыдысты Хъырымы зæххыл. Алы метр, алы сантиметр дæр тугæй ахуырст æрцыди. Немыцаг æфсæддон командæкæнынад стыр стратегион иысаниуæг лæвæрдта Хъырьь мы æрдæгсакъадах байсынæн. Фæлæ сын аслам не слæууыди. 54- 529
Мæнæ, абон дæр, карз, æвирхъау тохтæ Керчы горæты сæрыл. алы уынг, алы дур дæр, аргъæутты уæйгуытау, фидар, æнæба- сæттон уыди. Æниу Сергийæн йæхи ротæ дæр хъæбатырæй куыд нæ хæ- цыди, фæлæ иууыл æгъуыстаг та йе ’мзæххонтæ фесты. Керчы уынгон тохты æрдхæрæн уыдысты капитан Джиоты Серожы, малдайаг лæппуйы ротæйы хæстонты хъæбатырдзинæдтæ. Знаг уæлдæфæй калдта æмæ калдта бомбæтæ, сыгъд горæт. Арты фæздæг, хъылмайау, ныббадт уынгты, арыдта хурхы сæртæ. фæлæ нæ фæтасыдысты хъæбатыр хæстонтæ, фæстаг нæмыг, фæстаг адæймаджы онг тох кодтой сæхицæй фылдæр æмæ тых- джындæр знаджы ныхмæ. Тохы мард фæци Джиоты лæппу йæ- хæдæг дæр. Æниу канд уый нæ, Ирыстонц разагъта хъæбулты тугæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Хъырымы зæххæй алы уы- лынг дæр ахуырст у. Уыцы тохты хъæбатырæй фæмард сты ба- тальоны къамисар Плиты Кязо — Знауыры райошей, старшинæ Цоциты Пора, Дампъалеты хъæуккаг Къæбысты Лади, Тыджы- ты Лади, Рустауы хъæуккаг Къæбысты 'Шаликъо, тлиаг — Мæргьиты лæппу. Æмæ сæ чи банымайдзæн.' Æниу уыдон йæхи цæстæй федта Серги, æмæ йын фенын кæмæн нæ бантыст, æп- пæт уыдон та чи фæнымайдзæн. Хъæбатыр æмæ лæгдзинадæй фæстæ нæ фæлæууыдысты Ирыстоны тохы фæсивæд, сæ сæрмæ æгаддзинад не ’рхастоГг æмæ сомбоны фæсивæдæн сæ тох цæвиттонæн баззайдзæн. 4 Æвæдза, диссаг уыдзæн сомбоны цард, æниу ма, хæсты цæхæрæй чи аирвæза, уымæй ацы æвирхъау хабæрттæ никуы ферох уыдзысты. Фæлæ ма йын ацæрын бантысдзæн Сергийæн? Нæ, цæрын хъæуы. Дæндагæй ныххæцын хъæуы удыл. Нырма нæ мæлынмæ не ’вдæлы. Стæй мæлгæ цæмæн? Цæмæй цæрай, уый тыххæй та ныббырсын хъæуы мæлæты... Денджызы æрдыгæй сыстадысты уæззау хуылыдз мигътæ æмæ бамбæрзтой мæйы. Мигътæ цадæггай рафсæрстой сурзæх- хы ’рдæм. Цымæ ма фендзæни Серги боны рухс, чи зоны йыл сбон уа райсом, фæлæ миййаг фæстаг райсом куы уа, куы нæ уал фена изæры талынгтæ. Ногæй та схæлбурцъ кодтой уæззау сагъæстæ сæры. «Кæд афонмæ йæ ныййарæг мад, йæ хъæбулмæ зæрдæ æхсайгæйæ, æгъуыссæг фæци. Куыд уыдзæн, цы уыдзæн сомбон. Нæ, фашис- тон сырдтæн ардыгæй ауадзæн нæй, хъуамæ ам ссарой сæ мæ- лæт... О, фæлæ ма мæ къухмæ хæцæнгарз райсынхъом куы фæ- уин. Æниу сын абон хорз фестæм, фаишстон сырдтæн сæ мæрд- тæ тохы быдыры рæдзæгъдтæй баззадысты... Сугъты цагъд сæ фæкодтам... Фæлæ сын уый фаг нæма у... Цы фæуыдаиккой мæ ротæйы хæстонтæ, уæд та уый куы зонин, удæгасæй ма дзы чи баззади. Р1æ къæбуты рыст дæр, цыма, фенцад, æниу æй æмбаргæ- 530
дæр нал кæны, фæлæ уый хыгъд зæрдæ дзæгъæлтæ райдыдта... Ногæй та бауадзыг... Йæхи æрымбæрста рынчындоны. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæ не ’фсæддон хайы хæстонтæ æхсæв бонмæ агуырдтой тохы быдыры. Райсом бон дзир-дзур кодта, афтæ йæ ссардтой æма? йæ ахастой рынчындоимæ. Дохтыртæ хъазуат тох . самад- той Сергийы царды сæрыл æмæ йæ фервæзын кодтой. Рынчындонæй та комкоммæ амидæгис фронты раззаг* хах- хыл. Ныр та разведкæгæнджыты дæлхайы хистæр уыд. Уый дæр Хъырымы зæххыл, не ’фсад бырста размæ. Семиколодецы станцы сæрыл тохты Сергийы дæлханы’ хæс- тонтæ амардтой 100 фашистон салдаты, 6 салдаты та уацары ракодтой. Уый æддийæ байстой знагæй хæстон трофейтæ. Сер- ги й® хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд Хъæба- тырдзинады тыххæй майданæй. Фашистон æфсæдтæ иттæг тынг æрфидар сты Феодосияйы горæты. Алы уынг, алы квартал дæр цыд къухæй-къухмæ. Го- рæтмæ Цæгатырдыгæй фыццаг чи æфсæрста, уыдонимæ уыд, Тыджыты Серги кæмæн командæ кодта, уыцы ротæ дæр. Горæ- ты уынгты æвирхъау тохты ротæ скуынæг кодта дзæвгар фа- шистон салдат æмæ афицёры. 30 пемыцаг салдат æмæ афице.- ры та уацары ракодтой. Уый æддийæ байстой 50 немыцаг пуле- меты æмæ æндæр хæстон хотыхтæ. Феодосияйы горæт ссæрибар кæныны сæрыл тохты иттæг кæй басгуыхт, уый тыххæй хорзæх- джын æрцыд Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг къæпхæны орде- нæй. Горæт куы систой, æмæ хæст чысыл куы фæсабыр, уæд Сер- ги базыдта æвирхъау цау. Тох йæ тæккæ карзыл куы уыди, уæд фыдызнаджы нæмыгæй æнæнхъæлæджы фæмард æвзонг кур- диатджын ирон драматург Гасситы Георги, Рустауы хъæуккаг, Гасситы цыппæрæм æфсымæр, фистæг æфсады ротæйы ’коман- дир. Йæ амæлæты фæстæ йæ фронты командæкæнынад схор- зæхджын кодта Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæны ор- денæй. Уыцы тохты хъæбатырæй фæмард батальоны политрук Га- глойты Мате æмæ номдзыд хæстон, артиллерион полчы коман- дир Салбийы фырт. Стыр Фыдыбæстæйои хæсты Житомирæй Полтавæйы æх- сæн Серги фембæлд йе ’фсымæр, полчы командир дæлбулкъон- Тыджыты Несторыл. Нестор уæлахизæй фæци йæ тохы фæи- даг Берлины, æрыздæхт æмæ ныртæккæ цæры Киевы горæты. Æрыздæхт уæззау цæфтæй Тыджыты Серги дæр йæ рай- гуырæн уæзæгмæ. Йæ уæззау хъæдгæмттæ куы байгас сты, уæд кусынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты управлени- мæ; фæстæдæр та уыд Къуернеты хъæуы колхозы сæрдар. Ныр- тæккæ та у Тамарашены совхозы бригадир.
) Асаты Реуаз ЛЕНИНЫ ОРДЕН №9462 е взонджы рæсугъддзинадæи хæст дзæвгар кæмæи систа, рæстæг йæ фæд кæй цæсгомыл ныууагъта, фæлæ йæ цæстытæ уæддæр æвзонджы æрттывд кæмæн кæныпц, уыцы лæппу-лæг Туаты Харитои райгуырдис Сталиниры районы Цънпоры хъæуы 1921 азы 6-æм майы. Йæ фыд Аитъон уыдис мæгуыр зæхкусæг. Хайад исты фыццаг дунейон хæсты æмæ мидхæсты 1918 азы. Антъон бæргæ куыстуарзаг лæг уыдис, фæлæ йыл йæ сы- вæллæттæ «стых сты» (ныртæккæ дæр удыгас сты йæ зæ- нæг — 3 æфсымæры æмæ авд хойы, сегасы хистæр у Харитон). 1930 азы Антъон цардагур’ ралыгъдис Хуссар Ирыстонæй Ставраполы крайы Алексаидровскы районмæ, Тельманы но- мыл колхоз кæм ис, уырдæм. Сæ колхоз схуыдтой «Красная Южная Осетия», Хъæусовет ныр дæр хæссы, «Южпая Осетия», зæгъгæ, ахæм ном. Уырдæм хæсты агъоммæ хаудис аст хъæ- уы: 4 колхозы — «Всадиик», Блюхеры номыл, «Красный коно- вод» æмæ «Вперед»-ы цардысты немыцæгтæ, 2 хъæуы — Ска- 532
кун æмæ Южная Осетия, зæгъгæ, уым куыстой ирæттæ, иинæ колхоз «Веселый хлебороб»-ы — уырыссæгтæ, аннæйы — Нари- маиы номыл хъæууонхæдзарадон артелы та — азербайджа- нæгтæ. Фæсхæст уыцы колхозтæ баиу кодтой ирон хъæумæ æмæ сæ схуыдтой Тельманы номыл колхоз. Туаты Антъопы хæдзар цадæггай йæ къахыл лæууын рай- дыдта. Фæд-фæдыл скъоламæ цæуынхъом фесты, Цъипорæй цы сабиты ’ркодта, уыдон дæр æмæ йын ам цы цот фæзыид, >ыдон дæр. Фæлтæрд, активоп колхозонæн тагъд йæ хорзы кой айхъуыст сыхаг хъæутыл, йæ .ном æмæ мыггаг, йæ къам фæзындысты районы æмæ суапг Ставраполы крайы цеитры Кады фæйнæгыл дæр. Хæдзардзии, рæдау сылгоймаг уыдис йе ’фсин Гобозон дæр. Йæ хæдзары митæ, сывæллæттæ хъо- мыл кæныпы йедтæмæ ма сæ колхозы æдзух куыста хъугдуцæ- гæй (амардис 1966 азы). 1937 азы сæ зæнæджы хнстæр Харитоп каст фæцис сæ хъæуы авдазон скъола. Йæ дыккаг аз бацыдис фæскомцæдн- сы рæнхъытæм. * Уый фæстæ каст фæци трактористты курсытæ дæр æмæ фæлдæхта сæ колхозы тыгъдбыдыртæ. Фæлæ хæст рæстæгмæ æр^рæдта советон адæмы сабырадон куыст. Хæст йæ бæллицтæ, йæ рæсугъд хъуыдытæй фыдæпхъæл фæкодта Туаты Антъоиы фырт Харитоны дæр, йæ сомбоны фæндагæй йын сæ хæсты уадтымыгъ сындзвæндæгтæм нуварс аппæрста. 1941 азы сæрды уый дæр йе ’мцахъхъæн фæсивæди- мæ фæцыдис тохы быдырмæ, пæ бæстæйы цард æмæ мæлæты хъысмæт хæцæнгарзæй кæм скъуыддзаг кодта, уырдæм. Туайы фырт бахаудис горæт Батайскмæ. Ахуыр райдыд- та хæстон аэродромты зæххоп службæйæи кæстæр авиаспециа- листты скъолайы. Каст æй нæ фæцис, афтæмæй йæ уым æрый- йæфта хæст. Горæтыл пемыцаг фашисттæ бомбæтæ пызгъæлс- той. Бомбæтæ калдтой Ростовыл дæр. Стæй Туайы фырты арвыстой Ставраполмæ, скъола та каст пæ фввцис, афтæмæй. Сарæзтой сæ танкæты батальон æмæ сæ 1941 азы декабры хъызты æхсæвы 12 сахатыл сæвæрдтой эшелоиы. Сæ таикæты дзæбæх бамбæрзтой маскирбвкæйы охыл. Ныххæццæ сты, фыццаг кæм ахуыр кодта, уырдæм — Батанскмæ. Тапксттимæ сæ поездæй раргъæвтой, моторты æртаг пыккрдтой æмæ немы-( цы ныхмæ тохы бацыдысты Ростовы цур. Харитоп, тракторист уæвгæйæ, стæй авиаспециалистты скъолайы ацахуыр кæнгæйæ, хорз зыдта танкæты материалон хæнттæ дæр. Райсом, æх- сæвыцъæхæй, талынг ма уыдис, афтæ райдыдта пæ артилле- рийы бацæттæ. Сæмбу кодтой «хæсты хуыцауы» — сармадзан- ты æппæт калибрты хотыхтæ. Зæхх æпкъуыстис, бæстæ, æрв- нæрæгау, нæрыдис. Артиллеристтæ зиаджы познцитæ æхстой 2 сахаты дæргъы æппыиæдзух. Туайы фырт æмæ йæ хæстоп 53Г
æмбæлтты танкы экипажы сконд уыдис 4 адæймагæй — 1 ирон æмæ 3 уырыссаджы. Размæ абырстой не ’фсæдтæ æмæ Рос- товæй гитлеронты фæсырдтой. Уым Туайьг фырт райста фыц- цаг хæстон фæлтæрддзинад. Хорз фесгуыхтысты. йæ экипажи- мæ. Бирæ хæстон техникæ ныддæрæи кодтой фыдгултимæ тох- ты. Фæлæ сæхи танк дæр знаджы æхстæй ссыгъдис. Ирон хæс- тон уæззау цæф фæцис, йæ буар басыгъд, райста контузи æмæ бахаудта Кисловодскы госпиталмæ. Йæ къухы царм лæбыр- дис, йæ сæры хил ивзыднс. Дзургæ н’æ кодта, хъусгæ дæр афтæ. Æрмæст æмбæрста, кæмдæр сæхимæ æввахс ис, фæлæ кæм, уый æххæст нæ хатыд. Госпиталы фæстæ хъæбатыр нрон лæппу бахаудта 51-æм хнцæи фæсауæрцон æхсæг полкмæ. Уырдæм æмбырд кодтой танкисттæ, тæхджытæ æмæ ’æндæр ахæм специалисттæ. Лæу- уыдысты горæт Прохладныйы цур æфсæнвæндагон станцæ Шардановойы сæрмæ къуылдымыл, раздæры хъæууонхæдза- радон техникумы бæстыхайы. Немыцаг-фашистои тыхæйисджытæп уыдис рæстæгмæ æн- тыстытæ. Фронты иуæй-иу фадгуыты цырд размæ бырстой. Дыууæ-æртæ мæймæ сисынмæ хъавыдысты Уырысы. Æрбаф- сæрстой, Южная Осетия, зæгъгæ, уыцы хъæумæ дæр. Гитле- ронтæ фыдудæй мардтой цæрджыты — зæрæдты, сылгоймæг- ты, сабиты. Æвыдæй нæ баззад Туаты уæзæг дæр. Немыцæгтæ, балбирæгътау, бамидæг сты зæронд Антъоны хæдзары. Къуым- тæ сызмæстой, спырх кодтой. Йæ фос ын атæлæт кодтой. Лæг мæстæй æрхауд сынтæгыл (уый уыдис 1942 азы 26-æм сентя- бры) æмæ йæ зæрдæ аскъуыд, нал сыстад. Уый, мæгуырæг, йæ фыртæп тарст, фæлæ нæхæдæг æдзæммард фæцис. Раст уыцы ’хсæв йæ хъæбул та Туапсейы цур хæхты æхсæз цæфы фæцис (фæлæ уый тыххæй дæлдæр зæгъдзыстæм). Лæппу фроитæй чысыл рæстæгмæ улæфты куы ’рцыдис æмæ йæ фыды хабар куы фехъуыста, уæд æвæстиатæй фæстæмæ хæстмæ атыпдзыдта, æмæ йæ фыды уæлмæрдыл цы карз сомы ракодта, уый лæджыгъæдджынæй æххæст кодта фыдгулты ныхмæ ’тохы быдыры. 1942 азы уалдзæгæй сæрды æмбисмæ Харитон ахуыр кодта горæт Орелы М. В. Фрунзейы номыл бронетанкон æфсæдты ахуыргæнæндоны. Фæлæ та уый дæр каст нæ фæцис. И. В. Сталины бардзырдмæ гæсгæ ахуыргæпæндæтты курсаиттæ иу- уылдæр фронтмæ ’рвыст æрцыдысты. Туайы фырт та ногæп бахаудис Ростовы цурмæ; фыццаг кæм ахуыр кодта, уыцы го- рæт Батайскмæ ’ввахс, станцæ Кущевскаямæ. Ростовы пемы- цаг-фашистон тыхæйисджытæ дыккаг хатт систой. Бомбæтæй пæ тынг ныппырх кодтой. Туаты Харитон æмæ йе ’мкурсанттæ лæвæрд æрцыдысты инæлар Кириченкойы 4-æм хъазахъхъаг бæхджынæфсæддон корпусы дæлбармæ. Тыхджын карз тохтæ о34
цыдис Ростов ссæрибар кæныны сæрыл, фурд Доны рахиздон- былгæрон æрфидар уæвыныл. Фæлæ знаг æрбакалдта ног тых- тæ. Гитлеронтæ уыдысты æгъатыр æмæ хинæйдзаг. — Иуахæмы Кущевскаяйы бынмæ бæрзонд хурмæзила- джы хуымы хуыссыдис иу фриц, — æрымысыд ирон хæстои. — Цыдæртæ дыгъал-дыгъул кодта, хæцæнгарз <æм куы ныддард- тон, уæд. Æз æй нæ бамбæрстон. Æмæ мын уæд йе ’нгуылдз- тæй амыдта, зæгъгæ, нæхимæ æртæ чысыл сывæллоны ныу- уагътон æмæ мæ ма амар. Раст зæгъгæйæ йын фæтæригъæд кодтон. Куыддæр фæстæмæ фæзылдтæн, афтæ йæ сыбар-сыбур ссыд, йæ зæрды мыл йæхи фæстейæ ныццæвын уыд. Æз æм фездæхтæн æмæ йæ автоматы нæмгуытæй зæхмæ ныххуыдтои... Советон æфсæдтæ тох кодтой удуæлдайæ. Хатт афтæ каст, адæймагмæ, æмæ гæнæи цæмæн нæ уыд, ахæм æнæкæрон хъæ- батырдзинад æвдыстой, ахæм диссаджы хъуыддæгтæ арæзтой. Фæлæ знаджимæ тохтæ уыдысты æнæмсæр æмæ не ’фсæдтæ хæцгæ-хæцын фæстæмæ лæууыдысты æмæ æрбахæццæ сты суанг Кавказы хохрæбынтæм, Туапсейæн йæ цæгат-хурыскæ- сæны, Шаумяны районмæ. Раздæры бронетанкои ахуыргæнæндопæй сарæзтой хицæн мотоæхсæг батальои. Уыцы дуджы Туаты Харитон уыдис ав- томатчикты взводы командиры хæдивæг. Стæй командир фæ- цæф ис æмæ йæ бынаты балæууыд цæхæрцæст ирои лæппу. Радтой йын хистæр сержанты ном. Йе взводы уыдис 35 хæсто- ны — уырыссæгтæ, украинæгтæ, удмуртæ, казайнаг тæтæйрæг- тæ. Зын уыдис хæхты, тархъæды тох кæнын, фæлæ хъæбатырæй хæцыдысты иууылдæр. Сæ полчы ма баззадис 4 танчы, иннæтæ тсарз тохы ныппырх сты. Уыцы цыппар сæ бынаты æнæзмæлгæ .лæууыдысты æмæ сæ спайда кодтой куыд сармадзантæ, афтæ. Сæ амбразурæтæй, ихуарæгау, кодтой пулеметтæ. Знæгтæ æрлæууыдысты, ныххуыссыдысты кæлдымты фæстæ, æрхыты, бæлæсты аууон. Тох сцырын Фонарь, зæгъгæ, уыцы хохыл — Сау денджызы бæрзонд донбылгæрон. Уый уыдис 1942 азы 6-æм сентябры. Махонты ныхмæ хæцыдысты немыцаг армийы хæххон-æхсæг дæлхæйттæ. Æппынæдзух æхстой æмæ советоп æфсæдтæн улæфг нæ лæвæрдтой нæдæр æхсæв, нæдæр бон. Немыцаг удыгас тыхтæ уыдысты бирæ фылдæр. Боны 12 саха- тыл æхсып райдыдта сæ артиллери. Нæ танкæтæ дæр æхстой. Фæлæ пуæп дыууæ æфсад. Нæ пулеметтæ ныссабыр сты. Фæ- цис немыцæгты артиллерноп бацæттæйы æхст дæр. Фашисттæ сфæнд кодтой махонтæм траншейтыл æрбахъуызын. Нæ пуле- -метчнктæй иу фæмард, инпа? мæлæтдзаг цæф фæцис. Пулеме-; ты æхст ныинымæг. Уæд мотоæхсæг батальоиы командир дæл- булкъон Казммир Федорович Туайы фыртæн бардзырд радта: -æвæстиатæй батальоны рахиз флаигмæ бацæуын æмæ уым ахсджиаг рубеж æрцахсын. Харитон дотмæ иæма бахызт, афтæ иемыц рацыдысты размæбырсты. Æрхуыссыдис пулеметы цур. 535
Йæ алыварс уыдис гранаттæ, пулеметы иæмгуыты лентæтæг цæмæй хæцыдаид, æппæт уыдæттæ. Исдугмæ иунæгæй фер- гъуыйау, фæтыхст, уыйæппæт немыцмæ куы акаст, уæд. Фæлæ сырхæфсæддон Череповы йæ цуры куы ауыдта, уæд фæныфс- джындæр. Пулеметы размæ æмæ иу 100 метры фæрсырдæм аласта, йæхи æрцæттæ кодта, нысапмæ иыхъхъавыд. Черепов тыхстис, фæпдыдпс æй, цæмæй Туайы фырт æхсын райдыдта- пд, фæлæ йып нымæцæй архайыпы фадат кæм.нæ уыд, уымæ гæсгæ архайдта зондæй, тактикæйæ, йæ тохы фæлтæрддзина- дæй. Немыцæгтæ дыууæ рæгъæй цыдысты психикон атакæйы, пуæзтджынæй, бæгъæмсæрттæй, бырстой крмкоммæ Туайы фыр- ты æмæ Череповы позицитæм. Цалдæр къахдзæфы ма ’рба- кодтой, гранат аппарæн сæм куыд уыдаид, ахæм дæрддзæгмæ сæ ’рбауагъта ирон бæгъатыр æмæ сæ æвиппайды æхсыи рай- дыдта. Черепов пулемет ивтыгъта ног æмæног лентæтæй, пæхæ- дæг знæгтыл граиаттæ згъæлста, куы автоматæй æхста. Гит- леронтæ тыхджын æхсты бын бæзджын цилгæрдæджы ’æрхуыс- сыдысты. Уыцы дуджы нын пæ зынгон тæпп æхсын райдыд- той æхсæзæхстои минаметтæй æмæ та сæ фистæг æфсад ногæй сыстад размæбырсты. Фæлæ Туайы фырт уыдис рæстдзæвин, ныфсхаст. Череповæн йæ риу уæззау цæф фæцис. Ирон бæ-' гъатыр иунæгæй баззад. Ныхмæлæууæг æртыккаг хатт рацы- дис размæбырсты, йæ тохы тых иууылдæр’скодта уыцы фланг- мæ. Хистæр сержанты нæмгуытæ фæуд кодтой. Фæлæ хорз æм- бæрста, чысыл куы фæтыхстаид, уæд хъуыддаг æвзæр кæй уыдис. Иу 50 метрмæ сæ æввахс æрбауагъта æмæ та сыл, пхуарæгау, пыккалдта. Немыцæгтæ иогæй сæ сæртæ зæххы фæтъыстой. Немыц фæстæмæ алæууыдысты, æрцахстой сæ раздæрьг позицитæ. Изяерырдæм уыдон Туайы фырты ныхмæ рарвыстой пу танк — сæ зæрды йæ уыдис æд пулемет зæххыл иыссæр- дæнтæ кæпын. Фæлæ фæлтæрд «максимы» траншеймæ ныт- тылдта, йæхицæн хорз хæцæпбынат æрцахста æмæ цырддзас- тæй æнхъæлмæ каст. Немыцаг танк- æрбацæйцыд хæстæгмæ галиуырдыгæй. Æв- пахс æй æрбауагъта æмæ йын гранатты баст йæ калмдзалхы бын бавзылдта. Фæцыдис гæрах. «Æфсæн уæиг» дзыхълæуд фæкодта. Тапкы экипаж — æртæ гитлероны — люкæй сгæп- пытæ кодтой æмæ советон хæстонмæ сæхи рауагътой. Дыууæ- пы дзы автоматы комкоммæ æхстæй фæмард кодта, иннæ фриц танкы фæстæ амбæхст æмæ йæ къæхты фæрцы удæгасæй аирвæзт. Изæры 8 сахаты уыдаид, афтæ тох ныннымæг. Туаты Ха- ритонмæ ’бацыдис батальопы командир Федорович фондз хæс- то’нимæ. Хъæбатыр нроп лæппуйы тохвæллад,. фæлмæцыд, рыгæм- 536
бæрзт, топпы хосæи милатæ æмæ цъæррæмыхстытæ цæсгомæй ма æрттывтой йæ цæхæр цæстытæ æмæ йæ урс дæндæгтæ. Ныхмæлæууæг фæстæмæ ’ алæууыд æртæ километры, тохы быдыры ныууагъта 96 мард æмæ 19 уæззау цæф салдат æмæ афицеры, иу пырх танк, стæй дзæвгар хæцæн æрмæджытæ. Ахæм ахсджиаг хæстон хæс иттæг хорз сæххæст кæныны тыххæй хъæбатыр хистæр сержапт Туаты Антъоны фырт Ха- ритоны Советон Æфсады командæкæнынад бавдыста хицауады иууыл уæлдæр хорзæх — Ленины орденмæ.* Комбат хорзæхмæ бавднсæн сыф куы ныффыста, уæд ирон бæгъатырæн иунæгæй афтæ бакодта: «Зæгъгæ, не ’фсады фæс- тæмæ нæ, фæЬæ сæ размæбырсты рæстæджы равдыстай ахæм сгуыхтдзинад, уæд Советон Цæдисы Хъайтары ном райстаис Æниу дын, чи зоны, еныр дæр радтой»... Туаты Харитон йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ’м кор- пусы штабы хистæр булкъоп Дудкин цалдæр боны фæстæ йæхимæ фæсидтис æмæ йын газет «Заря Востока»-йы бакас-' тис ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы Указ сæ дыу- уæйы дæр Ленины орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй. Кæрæдзийæн зæрдйагæй раарфæ кодтой. Булкъои Дудкин уы- цы газеты Туаты Харитоны сгуыхтдзинадыл фыста сæрмагонд уац. Æнæхъæн фронтыл, æгас бæстæйыл айхъуыстис ирон бо- галы æхсары кой. Хъайтар фæскомцæдисоны æмхъæлæсæй райстой Коммунистои партипы рæнхъытæм. 1942 азы 23-æм сентябры Фæскавказы фронтыл командæ- гæнæг, армийы инæлар И. В. Тюленев æрцыд æмæ Туаты Ха- ритоны риуыл басагъта Ленины орден № 9 462. Уыцы бон ма взводы командир райста , Хъæбатырдзинады тыххæй майдан дæр. 46-æм армийы сконды къорд рæстæджы фæхæцыдис сгуыхт нроп хæстон. Карз, тугкалæп тохтæ цыдис Гойтх, Хадижеп- ская, Лысая гора, Чертов мост, Волчие Ворота, Папоратная. Безымяная, Нефтегорск, Афапасьевский постик, Индюк æмæ иннæ хъæутæ аемæ æфцджыты сæрыл. æиæхъæн Кавказы \æх- тыл æрбахизæнты. Иуахæмы та хъæуы ну бæстыхайы фæстаг къулы тнгъыл æрбацæйхъуызыд немыцаг, иннæ тигъыл та фæцæйцыд Харитон. Кæрæдзиуыл æнæнхъæлæджы сæмбæл- дысты, æнæссыбырттæй иудзæвгар æдзынæг алæууыдысты. Немыцаг йæ автомат аппæрста æмæ йын йæ хурх балхъивын- мæ хъавыд. Советон хæстоны галиу къух куыддæрты пæ дзыхы фæцис, стонг бирæгъау, ыл йæ дæндæгтæй ныххæцыд. Харитоны цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Йæ цырыхъхъы хъусæй кард фе.’ь вæста æмæ дзы гитлерон сырды ныррæхуыста. Харитон сентябры мæйы контузи райста горæт Таманы цур. Бахаудис быдырон госпиталмæ. Уырдыгæй рацыд æмæ кубайнаг станицæ Варениковскаяйы 396-æм фæсауæрцон æх- сæг полчы службæ кодта. Зымæджы ’рдæм катертыл ахызты- 537
сты Азовы денджызыл горæт Керчæн йæ рахизæрдыгæй фарс. Хъырымаг чысыл» хъæу Асавинойы цур знаджимæ фæтох кодтой 1944 азы 9-æм мартмæ. Туайы фыртæн та йæ галиу цонджы знаджы топпы нæмыг ахызт. Ростовы областы станцæ Ея, зæгъгæ, уым хъуамæ госпиталы фæхос кодтаид мæй, фæлæ йæхивæндæй ацыд фронты раззаг хахмæ, йæ хъæд- гом нæма байгас, афтæмæй. 9-.æм апрельг та ногæй бахаудта йæ иухатты 83-æм денджызон æхсæг бригадæмæ (уыцы бригадæ раздæр, фæстæмæ лæууыны рæстæджы дæр тох кодта ам, Аджимушкайы дурсæттæнты). Бригадæйы командир инæлар Тутаринов базыдта ирон хъæбатыр хæстоны, бауарзтой йæ йæ ныфсхастдзинады тыххæй. Уыдис хъæлдзæг, хъазæгой. Куы-иу афæзмыдта немыцаг инæлар Клейсты: «В Моздок я больше не ездок», уæд диссаг... Хъырымы æрдæгсакъадахыл Туайы фырт сæмбæлдис Сæйраг Хнстæр командæгæнæджы минæвар Советон Цæдисы Маршал К. Е. Ворошиловыл, лæгæй-лæгмæ пемæ иыхас кодта: — Цæй, куыд, мæ хъæбул, уæхимæ дæ улæфынмæ арви- тон? — æвзонг хæстонæн йæ цин бауромын йæ боп нæ бацис, фырæхсызгонæй йæ цæстытæ доны азылдта... Хъырыммæ фæстæмæ куы рыздæхт Туаты сахъ лæппу, раст уыцы рæстæджы немыцаг фашистты дæрæн кодта инæлар А. И. Еременкойы Приморскы хицæн арми. 4-æм Украинаг фронт бырста Сивашæй æмæ дыууæ фронты сиу сты Симферо- полы. Сæ ныхмæ лæууыд, не ’фсæдтæ Мæздæджы цур 1942 азы зымæджы сæрсæттæи цæфтæ цы ’Клейстæн фæкодтой, уыцы гитлерон инæлары арми. Иураи знаг тынг сфидар кодта йæ позицитæ. Сæ батаре- ятæ цалдæр боны иугæндзон æхстой махонты. Зын бафип- пайæи уыдысты сæ хорз маскировкæгонд зынгон тæппытæ. Уæд развæдагурæг дæлхайы командир æмб. Туайы фырт рай- ста бардзырд — æртæ хæстонимæ æд раци знаджы фæсчъыл- дыммæ ахизын æмæ йын йæ батарейты равæрд басгарын. Развæдагурджытæ мæйдар æхсæвы арæхстгай ахызтысты æмæ ну хихджын, сыфтæрæмбæрзт бæласыл схызтысты. Лæмбынæг спайда кодтой сармадзанты бынæттæ æмæ сæ картæмæ бахастой. Нæ артиллеристты æхсты нысан дырысæй амоигæйæ, куынæг æрцыдысты знаджы сармадзантæ æд хæстонтæ. Иу цалдæр минуты фæстæ нæ фистæг æфсад хъуама размæбырсты ацыдаид. Фæлæ Туайы фырты къорд кæм æмбæхст уыд, уырдæм бацыдис знаджы 10 танкы æмæ тас уыдис, не ’фсæдты раз- мæбырст куы бакъуылымпы уыдапд, уымæй. Туайы фырт рацийæ алæвæрдта нæ батарейы командирмæ: 1«Нæхи нын æхсут комкоммæ!» — æмæ йе ’мбæлттимæ кæрЬдзийыл ныттыхстысты сæ мæлæты агъоммæ. Туайы фырт йæ къордимæ цы бæласыл бадтис, уый сар- 533
мадзаны нæмыгæй рафæлдæхтис. Командир тынг фæконтузи нс æмæ бауадзыг. Иннæ æртæ хæстоны мард фесты. Хъæбатыр ирон лæппу æрчъицыдта госпиталы. Бацыдысты йæм рынчын- фæрсæг æмæ йын раарфæ кодтой ахæм сгуыхтдзинады тыххæн инæлар Баринов æмæ капитан Карпенко. 1944 азы 12-æм майы Туаты Харитон хайад райста горæт Севастополь ссæрибар кæныны сæрыл историон тохты. Херсо- несы сынæджы . йыл дзæгъæл хæлæн нæмыг сæмбæлд. Йæ галиу цонг фæцæф ис æмæ йæ автомат йæ къухтæй ахаудта. Фæлæ раззаг хаххæй нæ акуымдта, цалынмæ Севастополыл уæлахизы Сырх тырыса сдардтой, уæдмæ. Уырдыгæй йæ ракод- той армийы контрразведкæ «Смерш»-мæ (ома смерть шпи- опам). — Хъырымы зæххыл мæм æрхаудта бæриои, кадджын хæс: æртæ стыр паддзахады Ялтæйы конференци уагъд куы цыдис, уæд æз дæр хъахъхъæдтон И. В. Сталин, Ф. Р. Рузвельт æмæ У. Черчиллы, — сæрыстырæй бафтыдта йæ ныхасмæ Туайы фырт. Стгбп æрвыст æрцыд Дзæуджыхъæуы фистæгæфсæддон ахуыргæиæндонмæ. Фæлæ йæ уытæппæт цæфты фæстæ медици- нон къамис сфаудта æмæ та йæ арвыстой Ростовмæ фæсауæр- цон полкмæ. 1946 азы апрелы мæйы æрыздæхт Хуссар Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта йæ райгуырæн Цъипоры хъæуы колхозы хын- цæгæй. 1948 азы февралы аздæхт Ставрополы краймæ æмæ та Тельманы номыл колхозы дарддæр кодта йæ сабырадон хæр- зиуæгон фæллой. Фæлтæрд хæстон разындис диссаджы куы- стуарзаг. Уыдис бригадир, фермæйы гæс маргъдарды, хуыда- рды фермæтæ, урсаджы æртæ фермæйы кæм ис, ахæм фады- джы гæс, 250 колхозоны кæм кусы — фысгæстæ, фыййæуттæ, ’хуыгæстæ, уыцы фадыг № 1 хынцæг... Ныртæккæ дæр дзы буз- ныг сты сæ хъæуы цæрджытæ, фæсхохæй æрлидзæг, Хуыбыл- тæ, Хынцæгтæ, Болататæ, Дриатæ, Гуссойтæ, Мæргъитæ æмæ цæгатирыстойнаг æфсымæртæ дæр — ироиæй, уырыссагæй. Туаты Харитоны фырт Илья мæ сæ хъæу Южная Осети- яйæ йæ машинæйы куы фæндараст кодта, уæд мын кæбинкæйæ ацамыдта хæсты рæстæджы хъæугæрон фæмард уæвæг хъайтар танкистты цыртмæ, хорз сын зилæм сæ уæлмæрдмæ, зæгъгæ. — Афтæ, мæ хур, афтæ! Уыдон рох нæ хъæуы. Кад кæнын хъæуы, хæстæй удæгасæй чи сыздæхт, уыдонæн дæр. Уыцы æнкъарынад æрхаста дард фæсхохæй мæн дæр уæ фыды- уæзæгмæ!.. — хæрзбон кæнгæйæ загътон тохвæлтæрд хæстон Туаты Харитоны фыртæн. IV
Тъехты Амыран МИНАМЕТОН РОТÆИЫ КОМАНДИР | ъотъоты Ростик Никъалайы фырт райгуырдис 1918 азы Знауыры райоиы Дæллаг Дзагъииайы хъæуы. Йæ пыййарджытæ уыдысты мæгуыр зæхкусджытæ. Ростик сæ хъæуы авдазон скъола каст куы фæцис, уæд хъазуатонæй куыс- та колхозы. Иу бон Ростик йæ фыдæн афтæ зæгъы: — Баба, æз сфæнд кодтон Бакумæ ацæуын æмæ мæ хъуа- мæ ауадзай. Уым кусынмæ бацæудзыпæи æмæ ахуыр дæр кæндзынæн. Мад æмæ фыд бирæ фæхъуыды кодтой, стæй сразы сты æмæ 1936 азы Ростик ацыдис Бакумæ. Уым кусын райдыдта пефтгуырæнты, изæрæй та кодта ахуыр. Йæ хорз куысты тых- хæй хорзæхджыи æрцыди цыппар кады грамотæйæ. Астæуккаг скъолайы фæстæ’бацыдис Бакуйы æртæазон æфсæддон скъола- мæ æмæ йæ каст фæцис иттæг хорз нысæпттимæ. Радтон пыи хистæр лейтеианты ном. 1942 азы, Фыдыбæстæйон хæст йæ тæккæ карзыл куы уыд, уæд Ростик æрвыст æрцыд гуырдзиаг 117 дивнзийы 335 гвардиоп полкмæ æмæ йæ снысан кодтой ротæйы политрука’й. Цыдис тугкалæп тохтæ немыцаг тыхæйисджытимæ. 6 мапы 540
фæстæ Советон Цæдисы Сæйраг Хиста-ф командæгæпæджы бар- дзырдмæ гæсгæ 335 гвардион полк æрвыст æрцыдис 1-аг Укра- инаг фронтмæ. Тъотъойы фырт пысан æрцыдис 82 миллиметрон минаметон ротæйы командирæй. Иухатт немыцаг развæдсгарджытæ æнæпхъæлæджы æхсæ- выгон сæхи ныццавтой не ’фсæддон хайы штабыл. Хъавыдысты штабы кусджыты уацары акæныи. Бацайдагъ æвирхъау тох. Немыцæгты ныхмæ хъæбатырæй хæцыд Тъотъойы фырты ро- тæ æмæ æнæмсæр тохы бынтондæр скуыпæг кодтой знæгты. Ацы тохты Тъотъойы фырт стыр хъæбатырдзинад кæй рав- дыста, уый тыххæй хорзæхджыи æрц’ыд Сырх Стъалыйы ордё- пæй, лæвæрд ын æрцыд гвардийы капитаны пом. Тарнополы горæтмæ бабырстон немыцæгтæ, нæ хæстонты позицитыл æнауæрдонæй калдтой бомбæтæ. 117 дивизийы'335 гвардион полк карз тохты фæстæ ’ пемыцæгты фæстæмæ ап- пæрста цалдæр километры бæрц. Немыцаг æфсæддон хай æр- хъулайы бахаудта, уыдоиимæ уыдис иу инæлар дæр. Немыцæгты командæкæиынад уый куы базыдта, се ’фсад та æрхъулайы бахаудтой, уæд сæм уæлийæ, хæдтæхджытæй, калдтой листовкæтæ. Гитлер сын ныфс æвæрдта, фидар лæу- ут, зæгъгæ, цыфæнды куы уа, уæддæр уæ ссæрибар кæндзыс- тæм. Фæлæ сæ сæ фын фæсайдта, сæ фæндтæй ницырауад. Æрхъулайы цы немыцаг æфсæдтæ бахаудтой, уыдоны уацары ракодтой советон æфсæдтæ. Иуахæмы та сын карз тох бацайдагъ знæгтимæ. Немыцаг хæдтæхджытæ арв бамбæрзтой, фæндыд сæ пæ зонæмæ æрба- ирвæзын, фæлæ-иу сæ нæ зенитон артиллери фæстæмæ атард- та. Куыдфæстагмæ дзы æрбаирвæзт 2 хæдтæхæджы. Хæрзныл- лæг æрбатахтысты Тъотъойы фырты минаметон ротæйы сæрмæ. Уыцы рæстæджы Ростик бауад стапкон пулеметмæ, хæрдмæ йæ фæцарæзта. Немыцæгты хæдтæхджытæй сæ иуæп йæ фæз- дæг скалд æмæ йæ сæр фæуырдыгмæ. — Æтт, дыккаг мын ирвæздзæн, — сдзырдта та Ростик æмæ кæрæдзи фæдыл цалдæр нæмыджы дыккаг хæдтæхæгыл суагъта. Чысыл фалдæр уый дæр æрхауд. Хæдтæхæгскъæр- джытæ уацары бахаудтой. Уыцы арæхстдзинады тыххæй Ростик хорзæхджып æрцыд Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг къæпхæны орденæй. 1944 аз. 117 дивизийы хæстонтæ бырсыпц размæ, Одеры цæугæдоны фаллаг фарс немыцæгтæ сæхи æрфидар кодтой: Арæхстджын командир Тъотъойы фыртæн бахæс æрцыд, цæ- мæй, немыцæгтæ сæхи кæм æрфидар кодтой, уый пырхгонд æр- цæуа. Ростик æмæ йæ хæстонтæ баввахс сты иемыцæгты по- зицимæ. Æвиппайды минаметты æмæхст ныннæрыдис. Хæст сцырын. Немыцæгтæ фæстæмæ лидзын райдыдтой. Мах диви- знйы хæстонтæ доны сæрты фаллаг фарсмæ ахызтысты æмæ плацдарм бацахстой. Уым Тъотъойы фыртæп мииæйы схъисæн 541
йæ рахиз цоиг фæцæф æмæ госпиталмæ бахауд. Мæйы фæстæ сдзæбæх æмæ та æрвыст æрцыд йæхи дивизимæ. Схорзæхджын æй кодтой дыккаг хатт Сырх Стъалыйы орденæй. Нæ кадджын æнæбасæтгæ æфсад уæлахиз кæнын райдыд- та знагыл. Берлинмæ куыд хæстæг цыдысты, афтæ удуæлдап тохтæ кодтой карзæй-карздæр. Знаг горæт Лейбцигы йæхи æр- фидар кодта. Фæлæ Советон Æфсады размæбырст бауромыи сæ бон нæ бацис, фæстæмæ сæхи аппæрстой. Ацы горæт дæр та ист æрцыд. Ам дæр та Тъотъойы фырт йæхи хъæбатырæй кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд майданæй. Уый уыдис 1945 азы апрелы. Ростикыл бомбæйы схъис сæмбæлд æмæ йæ галиу къах уæззау цæф фæцис. Лæппу ахауд, цæстытæй ницыуал ауыдта. Ростик госпиталы йæхи æрæмбæрста, йæ къах ып рæбы- ныл алыг кодтой. Ростик бирæ рæстæджы хуыссыд Тамбовы. Куы фæдзæ- бæхдæр, уæд æрыздæхт йæ уарзон райгуырæн Ирыстонмæ. Цхинвалмæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ йæ зæрдæ хъæлдзæг кодта. Ирыстоны бæрзонд цъитиджын хæхты куы ауыдта, уæд фырцинæй йæ уæнгтæ ныррызтысты. Фондз азы фопдз боны ие сты. Хæсты хъæбатыр хайадисæг Тъотъоты Ростик 1947 азы кусын райдыдта Цхипвалы артель «Сырх Октябрь»-ы цехы хис- тæрæй æмæ дзы намысджынæй фæкуыста 1963 азмæ. Ныртæк- кæ та кусы 1-аг АТК-йы. а
Нартыхты Григол ЦÆСТЫТЫЛ УАЙЫНЦ... Щ Ш иæ æВдай азы аззадысты фæстийæ. Кæддæртау рог пал сты уæнгтæ. Чысыл хибарæй куы аззайы, йæ къухы кусæн- гарз куы нæ вæййы, уæд та йыл разæй кæнынц йæ цæрæнбонты бирæ фыдæбæттыл хъуыдытæ. Вазыгджын у цард, кæм лæгъз, кæм гакъон-макъон. Уды- хъæдæй хъæлдзæг, уæнгдых уыд, фæлæ уыцы зын фæндæгтыл Уалыты , Георги туристы уагæй нæ цыдис. Сæ развæндаг æхсæста, фæстийæ чи цыдис, уыдонæн. Йæ фæндаг та уыд ахæм: Гуыргæ Цхинвалы районы ракодта, Зонкъары хъæуы, Хохрæбыны схъомыл. 1925 азы уырдыгæй ацыд Сырх Æфсады службæ кæнынмæ. Иу афæдзы фæстæ йæ уым айстой Ком- мунистон "партийы рæнхъытæм. Демобилизацийы фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны Совпартскъоламæ. Уыцы рæстæджы зонкъайраг Уалытæй цалдæр хæдзары цæрынмæ алыгъдысты Тъирипонайы быдырмæ. Раздæры хус зæххытæм донхæргæнæн къанау рæзтис æмæ йæ былыл æрцар- дысты. Совпартскъола каст фæуыны фæстæ Уалыты Георги та кусынмæ ’рвыст æрцыд Цъинагары коммунæйы арæзтадон бригадæйы бригадирæй. Æвзонг Советон бæстæйæн нæ фаг кодтой кадртæ, уæлдай- дæр та хъæуты коллективон хæдзарадтæ аразыны рæстæджы. Æмæ та равзаргæ фæсивæдимæ иумæ Уалыйы фырт æрвыст æрцыд Мæскуыйы партактивы курсытæм. Йæ æрыздæхыны агъоммæ уæрæх рапарахат ис колхозтæ аразыны хъуыддаг. Знæгтæн бантыст бирæ адæймæгты фæды- зæрдыг кæнын. Уавæр афтæ уыд Чысангомы дæр. «Колхозты пайдайæн сæ куы æрисойы» тæссæй массон æгъдауæй цагътой лыстæг фосы, хъуццыты, æгæрыстæмæй, кусæг галты дæр. Раст ахæм хæццæ ’рæстæджы Уалыты Георги æрвыст æриыд Ленингоры районы Дореткъарийы хъæусоветы æххæсткомы 543
сæрдарæй. Уым æй дзæвгар кусын бахъуыд колхозтæ сфидар кæныныл. «Кæцыфæнды хъуыддаджы дæр цæхæрæй хъауджыдæр нæ \ыд Георги. Дзырд загъта, уæд æнæмæнг æххæст дæр хъуамæ суыдаид. Нæ хъуыддагмæ дæр нын уый хуызæн ничи æркæс- дзæнис»...—загътой йе ’мхъæуккæгтæ æмæ йæ сæвзæрстой уæ- ды Цъипагары зонæйы фæлхасгæнджыты æхсæнады правлеии- йы сæрдарæй. Уым дæр Уалыйы фырт равдыста йæ организато- рои курдиат, æцæг коммунисты удыхъæд æмæ йæ раразмæ кодтой ноджы бæрнондæр бынатмæ — партийы Ленингоры рап- комы пропагандистæй. Уыцы аз æй æрæййæфта Стыр Фыды- бæстæйон хæст дæр. Æппæт тыхтæ аздахын бахъуыд немыцаг фашистты тагъд- дæр ныддæрæн кæнынмæ. Ленингойраг фæсивæд дæр сæ риу- тæй хъахъхъæдтой Райгуырæн бæстæйы. Фæлæ фронтæн æп- пæтфарсон æгъдауæй æххуыс кæнынът сæраппонд стыр куыст бакæнын хъуыд фæсчъылдым дæр. Георги, куыд партион ку- сæг, æппæт йæ тыхтæ сарæзта уъщы нысанмæ. 1942 азы апрелы æмбисы Уалыйы фырт дæр скодта æф- сæддоны дарæс.’Æхсæз мæиы ’ дæргъы ахуыр кодта горæ* Тбилисы политсконды курсыты. • Уырдыгæй ’ йæ арвыстой 280- æм транспортон ротæйы политрукæй. Кадрон салдат ’ уæвгæйæ’ : Уа’лыты Георги нымад цыд цæвиттойнаг хæстоныл, æфсæддон ахуыр æмæ политикон цæт- тæдзинады раззагоныл. Фйелæ уыцы азтæй Стыр Фадыбæстæ- йон хæст райдайынмæ рацыдис:'бирæ ’рæстæг. Ныр бынток æндæр у’ыдысты Райгуырæн’ бæстæ ’хъахъхъæнджыты хотыхтæ, бастдзннады æмæ тракспорты фæрæзтæ. Бынтон æндæр уыдиг хæстон архайдтыты ритм. Уæдæ зæронд салдат, ныр ’ ротæйы политрук æвиппайды хъуамæ ацайдагъ уьгдаид уавæрыл. Йæ бон уыдаид рæстæджимæ æмдзу кæнын. Уый дæр архапдта, архайдта... Æфсæддон службæйы йæ быиатмæ гæсгæ траиспортон рота1 фронты раззаг хаххыл ма хъуамæ лæууыдаид. Фаелæ йын фæстииæ баззайæн дæр нæ уыд. Йæхæдæг кæд æхсгæ нæ код- та, уæддæр транспортон дæлхай æнæкъуыхцьгйæ ифтонг код- таид, знаджимæныхæй-ныхмæ чи лæууыд, уыдоны, ластаидсын- хæстон æрмæджытæ, уæлæдарæс, продукттæ. Сæрбахъуаджы рæстæджы санитарон хæйттæн æххуыс кодтаид цæф хæстонты æдас бынатмæ ахизын кæныны хъуыддаджы. Транспортон ротæйы политрук зыдта, фронты фæсчъыл- дым архайгæйæ дæр ирддзæстдзинадæн æрнымæггæнæн кæй нæ уыд. Раззаг хаххы хæстон операциты æнтыст бæрæг бæрцæй æнхъæлцау уыд, фæсчъылдымæй сын цахæм æххуыс цыдаид, уымæй. 1 Уыдпс уалдзæг. Транспортон ротæ фронты раззаг хахмæ фæцæйласта хæстон æрмæджытæ. Боны рухс æй æрæййæфта 544
быгъдæг бынаты. Уалыимæ сæ сæрмæ зилдух -кæнын райдыдта зиаджы развæдсгарæг хæдтæхæг. /Ефсæддон дæлхай йæхи бааууон кодта хъæды къохы. Фæлæ нырма сыфтæр æххæсг нæ райхæлд. Иунæг минутæн дæр дзæгъæлы сафæн нæ уыд. Рæхджы хъуамæ фæзындаиккой фашистты бомбæзгъалджы- тæ. Фронт та ротæмæ æнхъæлмæ кæсы нæмгуытæм, продукт- тæм. Знаджы развæдсгарæг хæдтæхæг транспортон ротæйы цы <3ынаты федта, уым ахæм нысæнттæ æвæрд æрцыд, цыма транспорт йæхи æрæмбæхста. Æцæг æмбæхсæн та æндæр ран- мæ аивтой. Цасдæр рæстæджы фæстæ транспортон ротæйы «æмбæхсæн» хъæды къохы бынаты уыдис знаджы бомбæтæй къахт уæрмытæ. Знаг, æвæццæгæн, бамбæрста, кæй йæ афæлывтой, уый. Æртæ боны дæргъы ротæйы сæрты зилдух кодта развæдсга- рæг хæдтæхæг. Бомбæзгъалджытæ никуыцæй зындысты. 14 апрелы райсомы 11 сахатыл та уæлдæфы фæзынд развæдсга- рæг. Ротæйы æмбдахсæны сæрты æрзылд æмæ фæаууон. Уа- .лынмæ уæлдæф байдзагис знаджы хæдтæхджыты гуыр-гуы- рæй. Æнæрынцойæ сæ æхстой зенитчиктæ. Уæддæр нæ чъил кодтой. Знагæн хъауджыдæр нал уыд, бомбæтæ калдта æп- лæт зæрдæхсайгæ бынæтты. Уыцы бон стыр зиан æрцыд тран- спортон ротæйы техникæйыл, удæгас тыхыл. Цалдæр рог цæ- фы фæцис ротæйы политрук йæхæдæг дæр. 280-æм ротæ йæ тыхтæ баххæст кодта æмæ цыдис дард- дæр. Ахызтис Молдавийы арæнтæй. Ахæццæ ис Руминмæ, Бол- гаримæ, Австримæ. — Уæдæй нырмæ ауал азы рацыдис æмæ нырма дæр мæ цæстытыл ауайынц, Австрийы зæххыл цы зындзинæдтæ ба- взæрстам, уыдон. — Арæх æрымысы Георги. — Уый уыдис 1944 азы фæззæджы. Æртыккаг Украинаг фронт æфсæрста размæ. Знаг æппæт мадзæлттæй архайдта йæ позицитæ æрфи- дар кæныныл. Уый тыххæй та тырныдта фронты раззаг хаххы фæсчъылдымæй фæлыг кæныныл. 280-æм ротæйæн бардзырд уыд, куыдфæндыйæ дæр раз- заг хахмæ уæзтæ бахæццæ кæнын. Уалыйы фырт æмбæрста ахæм бардзырды мидис: фронты раззаг хахх тыхсы. Æнхъæл- мæ кæсы æххуысмæ... Алырдыгæй скъуыдысты бомбæтæ, ниугæйæ хаудтой дар- дмæхсæг сармадзаны нæмгуытæ. Транспорт уæддæр цыдис размæ. Бардзырд æххæст æрцыд æнтысгæйæ. ...Уыцы цау дæр æрцыд Австрийы зæххыл. 280-æм транс- портон ротæ æрбынат кодта хъæды, фронты раззаг хаххæй 9 километры фæстæдæр, къаннæг хъæумæ æввахс. Транспортон фæрæзтæн уæлдæфы ’рдыгæй ссарыны тас нæ уыд. Фæлæ знаг канд бомбæтæ æмæ сармадзантæй нæ тох кодта. Чысыл австриаг хъæуы «бындурон» цæрджытæ сфæнд 35* 545
кодтой фашизмы дзæмбытæй сæ «ирвæзынгæнæг» советон хæс^ тонтæн «балæггад» кæнын. Цыдысты сæм хуынтимæ. Æрæмы- сыдысты сы’н минас кæнын. Ротæйы командиры хæдивæг Уалыты Георги карз бафæдзæхста йæ дæлбарты, цæмæй. æцæгæлон зæххыл æцæгæлон адæймæгты къухæй мацы’ рапс- таиккой. Диверсанттæн уæддæр бантыст ротæйы командирмæ марг бахъуызын кæнын. Уыцы цау фехъусгæйæ, командиры хæстæ йæхимæайста Уалыйы фырт æмæ «рæдау фысымтæн» зынаргъ слæууын код- та са мæнгарддзинад. Гитлерон Герман йæ хæцæнгæрзтæ æркалдта. Хистæр лейтенант Уалыйы фырты ротæ ныр Хурскæсæнырдæм скод- та йæ балц. Фæлæ хæстон архайдтыты хайад нал райста. Йа> ныццæуынмæ Японы ’фсæдтæ сæ къухтыл хæрдмæ схæцы- дысты. 1946 азы та Георгнйы æрæвдæлдис сабырадон куыстмæ. Сæ тохвæллад æмбæстаджы та цъинагайрæгтæ сæвзæрстом хъæуæххæсткомы сæрдарæй. — Баулæф, Георги, куысты дæр æмæ тохы дæр фаг ба- фыдæбон кодтай Райгуырæн бæстæйы, дæ адæмы хæрзиуæ- гæн, — загътой Уалыйы фыртæн 1961 азы апрелы мæйы æмæ йын снысан. кодтой персоналон пенси. Уæдæй нырмæ дæр йæ кусæнгарз никуы æрæвæрдта Геор- ги. Лæггад ын ’кæнынц йæхицæн дæр. Адæмы хорзæх æй ис, кæмæй фæдзурынц, раст ахæм у Уалыйы фырт. Уæдæ йын йæ хæстои хорзæхты кой дæр ракæнæм: Сырх Стъалыйы ордеи æмæ цалдæр майданæй хорзæхджын у. *
Гæбæраты Никъала ЙÆ ХÆС БАФЫСТА, ФÆЛÆ... !тыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайад райста гвардийы старшинæ Уалыты Арсены фырт Алекси дæр. Уый райгуырдис 1915 азы Знауыры районы Хъорогъийы хъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Алексийы фыд Арсен ражды амард æмæ 5 сывæллоны — цыппар лæппуйы æмæ иу чызг — баззадысты сæ мад Пепойы æвджид. Бинонтæ сæ дарæджы амæлæты фæстæ бахаудысты царды зын фадаты. Фæцудыдта хæдзар. Фæлæ уæддæр хæстæджыты æххуысæй, сывæллæттæн сæхи цæрдæгдзинады фæрцы амал кодтой кæрдзыны къæбæр. . Алекси дæр ахуырмæ цæуын райдыдта фыццаг Схлиты райдиан скъоламæ, стæй та Зиулеты астæуккаг скъоламæ. Фæстагмæ ахуырмæ бацыдис Сталиниры педтехникуммæ æмæ йæ каст куы фæцис, уæд кусын байдыдта Хъорогъийы рай- диан скъолайы ахуыргæнæгæй. 1938 азы Алексимæ æрсидтысты Советон Æфсады рæн- хъытæм æмæ службæ кодта 279 аргиллерион полчы. ^547
Алекси каст фæцис кæстæр лейтенанты курсытæ, райста старшинæйы чин æмæ 1941-æм азы æрвыст æрцыдис Цæгат Кавказы фронты 379 артиллерион полкмæ взводы комаидиры хæдивæгæй. Ам. уый йæ хæстон арæхстдзинады тыххæй хорзæх- джын æрцыдис 1944 азы Кавказ бахъахъхъæныиы тыххæй медалæй. 1944 азы Алекси хайад иста нырма 4-æм Украинаг фрон- ты, стæй та 3-æм Украинаг фронты 1054 артиллерион полчы. уыдбатарейы командир. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ ко- мандæкæнынад бирæ хæттыты балæвæрдта хорзæхтæ райсынмæ. Цæвиттон, 1945 азы январы горæттæ Влоцлавек, Бжесць- Куявскн. æмæ Коло немыцæгтæй ссæрибар кæныны тыххæй карз тохтæ куы цыди, уæд Алекси цы взводы уыди, уый ных- мæлæууæджы контратакæйы цалдæр хатты фæстæмæ аппæр- ста, скуынæг кодтой бирæ техникæ æмæ удæгас тыхтæ. Уыцы стыр уæлахизы тохты нæ хæстонтæй бирæтæ хорзæхджын æрцы- дысты æмæ уыдонимæ Алекси дæр райста Сырх Стъалыйы орден. 1945 азы Уалыйы фырты батарей активон хайад ранста горæд Гнезен (Гнезно) ссæрибар кæныны тыххæй. Йæ бата- рей ам сæрмагондæй скуынæг кодта 2 бронетранспортеры, 9 æхсæн’ тæппы, сæдæйæ фылдæр немыцаг фашисты. Уæд та хорзæхджын æрцыдис Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæ- иы орденæй. Уыцы аз бацыдис партийы рæнхъытæм дæр. Уый фæстæ горæт Бранденбург сисын æмæ Берлины провинциты немыцæгты хъахъхъæдад атоныны йæ хъæбатыр тохты тыххæй хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон Хæсты 2-аг къæпхæны орденæй æмæ Берлин сисыны тыххæй медалæй. 5 хатты та бузныджы ныхæстæ райста Сæйраг Хистæркомандæ- кæнынадæй. Хæст фæцис æмæ советои хæстонтæ *уæлахизимæ здæх- чысты сæ хæдзæрттæм. 1945 азы 25 сентябры стыр цинимæ сымбæлдысты Алексийыл йæ райгуырæн хъæубæстæ, йæ ный- йарæг мад. Иæ риуæй цæхæртæ калдтой йæ хорзæхтæ. Колхозы сæйраг тыхтæ иууылдæр аивылдысты тохы бы- дырмæ, уыдонæй бирæтæ нал æрыздæхтысты. Райгуырæн бæс- ты тыххæй нывондæн æрхастой сæ сæр. Колхоз уыдис кусæг- цух. Алекси, уый уынгæйæ, æрывнæлдта колхозы иумиаг хъуыд- тæгтæ кæнынмæ. Куыста колхозы хынцæгæй æмæ райдиан парторганизацийы секретарæй. Кодта быдырон куыстытæ дæр. Бьгндур æвæрдта йæхи цардæн дæр, хъуамæ бинонтæ æркод- таид æмæ йæ цард сарæзтаид, фæлæ хæсты зын фадæтты низ райста, бæргæ ма хос.кодта йæхицæн, фæлæ йыл куыдфæстаг- мæ ноджы стыхджын йæ низ æмæ 1947 азы амард. Алексийы æфсымæртæ Григол æмæ Елекъре дæр хайад истой фронты. Елекъре хъæбатырæй мард фæцис хæсты бы- дыры. Григол ма бæргæ æрыздæхт цæфтæй, фæлæ уый дæр нал ссæрæн æмæ амардис. 548
Гаглойты Аким АРТЫ ПИЛЛОНЫ ь’ыцы æхсæв советон æфсæддоптæ сæхи цæттæ кодтой Мæздæджы фыдæзнагæй ссæрибар кæнынмæ. Амбрет- таг хъæбатыр лæппу дæр фæстæ кæм фæлæууыдаид. Йæ æф- сæнбæх срæвдз кодта. Хæцæнгæрзтæ — ифтонг, нæмгуытæ — фаг. Мæйдар æхсæв. Райдыдта фашистон тыхæйисджыты ныхмæ размæбырст. Æхсæг батальон удуæлдай тох кæны горæтмæ бацæуæнты. Уы- ^ донимæ танкист Уанеты Александр дæр. Гнтлероптæн сæ бон нæ баци махуæтты ныхмæ фæлæууын æмæ фæстæмæ алæууы- дысты. Мæмæ совхоз «Гигант». Ам йæхи æрфидар кодта знаг. Райсом раджы фæтыигдæр хæст. Размæ, æрмæстдæр размæ! — ахæм уыдис бардзырд. Фистæг æфсаднмæ размæ бырсы Алек- сандр дæр йæ танкæйыл. Фæлæ æнамонд хъуыддаг. Знаджы сармадзаны нæмыг сæмбæлд йæ танкæйыл. Ссыгъд, пиллон уадзы, арт схæцыдис хъæбатыр танкисты дарæсыл, афтæмæй раг-æлп кодта æмæ тыхамæлттæй ахуыссын кодта йæ дарæс. Басыгъдысты К7эухтæ, цæсгом, хъустæ. Абон дæр ма Алек- сандры буарыл зынынц сыгъды нуæстæ. Æртæ мæйы дæргъы фæхуыссыд госпитальг, бадзæбæх сты йæ хъæдгæмттæ, фæлæ ууыл нæ фæцис ирон лæппуйы то- 549
хы фæндаг. Сержант Уанеты А. æрывст æрцыд горæт Тбили- сы артиллерион ахуыргæнæндонмæ, каст æй фæцис 1944 азы. Январы, лейтенанты чин райсгæйæ, æрвыст æрцыд Белоруссы фронтмæ. Йæ бæрны йын бакодтой 76 миллиметрон батарейы взвод. Хæст цырынæй-цырындæр кодта Белоруссы зæххыл. Уавæр уыдис тынг уæззау, вазыгджын. Абон дæр æй нæ рох кæнынц горæт Барановичийы карзтохтæ. Ам фесгуыхт Алекс&ндры взвод. Уый иу бон скуынæг кодта знаджы фондз танкæйы æмæ дæс- гай фашистты. Командæкæнынад Александрæн радта хистæр лейтенанты чин æмæ нысан æрцыд батарейы командирæй. Цал æмæ цал горæты, поселоктæ æмæ хъæутæ ссæрибар кæныны карз тохты райста хайад Уанейы фырт. Александр цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый хайад иста Польшæйы зæххыл карз тохты. Варшавæмæ хæстæг хъуы дис цæугæдон Бугы сæрты ахизын. Александры батарей æмæ Фистæг æфсады иу батальонæн бахæс æрцыд 1945 азы январы ацы доны сæрты ахизыи. Гитлеронтæ, ихуарæгау, калдтой сармадзантæ æмæ минаметты нæмгуытæ. Ацы ран стыр хъæ- батырдзинад равдыста Уанейы фырты батарей дæр. Цас туг ныккалд, цал советоп хæстоны ссардта ам йæ мæлæт, фæлæ знагыл цыд ноджы фылдæр зиæнттæ. Ам Александр фæцис уæззау цæф, сармадзаны нæмыджы схъис ын йæ дыууæ къа- хыдæр агъды рæбынтыл ахауын кодта. Æртæ боныфæстææр- чъицыдта госпиталы. Схæцыд йæ сæрыл, æркæстытæ кодта йæ уæнгтæм. Цæнгтæ сæ бынаты, фæлæ къæхтæн агъды рæ- бынтæй дæлæмæ сæ кой дæр нал ис. Фыдызнагыл дæр ахæм бон æркæнæд — хуыссæнтæ дæндæгтæй пирæнгæмттæ кæны. Хъæр кæны дохтырмæ, кæм дæ, цы фæдæ, зæгъгæ... Цыдысты бонтæ. Уанейы фырт Мæскуыйы госпиталы фæ- цис иуæндæс мæйы. Байгас сты йæ хъæдгæмттæ. Иæ уавæр йæ бинонтæм нæ фыста Александр. Ныфсытæ сын æвæрдта, царды ма уын, чи зоны, сбæззон, зæгъгæ. 1945 аз, декабрь. Мит фæлдзæгъдæнтæ кæны Амбреты хъа>- уы. Хъæуы цæрджытæй алчи йæ хæдзары Фыдыбæстæйон хæ- стьг уæлахизы циндзинады æнкъарæнтимæ йæ рæстæг æрвиты, йæ дарæг хъæбул хæсты быдыры кæмæн баззад, уыдон та æнкъардæй бадынц. Александры мад æмæ фыд, æмкъай æмæ сабитæ та сæ бæлццонмæ æнхъæлмæ кæсынц. Хæрзгæнæг балæууыд Александры фыды хæдзары раз. — Уæ бæлццон Александр æрбацæуы, уæ хæрзæггурæггаг мæн, — бадзырдта сæм хæрзгæнæг. Сæ цинæнма кæрон кæм уыдис Александры фыд Мошкъа, йæ [мад Дарнкъо, æмкъай æмæ сабитæн. Хъæубæстæ, пъатæ, тыхс- тытæ. Йæ дыууæ лæдзæджы æрхаудтой Александрæн. — Алæ-ма, дæ нывонд фæуон, дæ къæхтæ дын фенон, сæхи хуызæн мæм куы пæ кæсынц, — загъта йын мад. 550
Александры уадултыл хъарм цæстысыгтæ æргæртæр код- той æмæ йæ мадæн афтæ’ зæгъы: — Мæхи къæхтæ нал сты, наиа, хьæдып къæхтæй сæ баив- тон. Циндзинад æмæ хъыгдзинад сæмну сты хæдзары бинон- тæн. Æрбамбырд сты хъæубæстæ дæр. — Цæй, ницы кæны, æгайтма нæм удæгасæй æрцыд, — загьта йæ фыд Мошкъа, — куывд кæнын хъæуы ныр. Уайтагъд фыс аргæвстой, хæрд, нозт æмæ ахæм зымæгон уазал æхсæв циндзинады гаджидаутæ хъуыст Мошкъайы хæ- дзарæй. * * * Александр райгуырд æмæ схъомыл Амбреты хъæуы. 1937 азы каст фæци астæуккаг скъша æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвальг педагогон институтмæ. Уый фæстæ ахуыргæнæгæй куыста Зарьг астæуккаг скъолайы æмæ йæм 1940 азы æрсидты* сты Сырх Æфсады службæ кæнынмæ. Танкæйон полчы служ- бæ кæнгæйæ, фæцис æхсæзмæйон курсытæ, райста сержанты чин æмæ куыста танкæйы экипажы хистæрæй. Афтæмæй йæ ■æрæййæфта хæст æмæ ныллæууыд тохы фæндагыл. Йе сгуыхт- дзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæйои Хæс- ты фыццаг къæпхæны орден æмæ фондз медалæй. Мæн бафæндыд, Уанеты Александры хъысмæт цы бацис йæ дарддæры царды, уый базонын æмæ бацыдтæн Бехъмары хъæумæ. Ам колхозы бухгалтерæй кæй куыста, уый рагæй зыдтон. Къанторæйы раз колхозонтæй чидæртæ лæууыд æмæ сæ афарстон, кæм ис Александр, уымæй. — Терегуанмæ ца^уинаг уыдис, уырдыгæй трактор хъуамæ скæна. — Æмæ йыл къах куы нæ ис, уæд цы хъуамæ сараза? — фæрсын сæ. Колхозон мидбыл бахудт æмæ афтæ зæгъы: — Нæ фæдисон уый куы у. Æхсæнадон хъуыддаджы мах лсты сæр бахъуыд, зæгъгæ, уæд не скаст уымæ у. Хъуыддаг уый хуызæн ничи сараздзæн. Йæхицæн ис машинæ «Запоро- жец» æмæ кæм нæ амидæг уыдзæн хъуыддаджы фæдыл. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæмæй дыууæ лæдзæджы æн- цæйтты къанторæмæ æрбацыд Александр. Радзырдта мын йæ цард æмæ тохы биографи, фенын мын кодта иæ хъæбатырдзи- надæвдисæг документтæ. Александрæн йæ ныийарджытæ раджы фæзиап сты. Хæ- дзары уæз уымæ æрхаудта, фæлæ дыккаг къорды инвалид нæ фæтасыд. Зын цæуæн уыд уымæн Амбреты хъæумæ. Уыи ног хæдзар сарæзта Бехъмары хъæуы сосæ фæндагмæ хæстæг. Уый дæр цардæмдзу кæны. 551
Гаглойты Владамщг УÆЛÆУЫЛ БАЗЗАДИС ЙÆ НОМ... ард æмоисоиды хъæлдзæг, хæларзæрдæ æвзонг ^æплу не ’хсæн. Уарзта цард, уарзта райсомы сæууон æртæхыл, сойджып кæрдæгыл, фосы дзугты мерс, уарзта цъиуты цъыбар- цъыбур, урсдзыкку æхсæрдзæнты зарæг. Æвзонг лæппу уыд, иу æмæ ссæдз азы йедтæмæ йыл нæма цыди. Сонт лæппуйы уар- зæгой зæрдæ фыццаг хатт кæйдæр чызджы æнæхин уарзты уацары куы бахауы, æмæ йæм дуне, æнусон уалдзæгау, куы фæ- зыны, уыцы кары уыди. Уыди... Цæрын ын нæ бантыст. Уалыты Ладойы фырт Митуш Белоты зылды Зонкъары хъæ- уы^райгуырд, 1919 азы Хуссар Ирыстоны фæллойгæнæг адæм топйы нæмыг æмæ карды комæй рухс фидæнмæ фæндаг цы тæссаг азты гæрзтой, уыцы хъæбатыр æмæ лæгдзинады азтæй сæ иу. Райгуырд, æмæ йæ ныййар’æг гыццийы ало-лайы зарджы- 552
тимæ иумæ йæ авдæнмæ хъуыста топпы гæрæхтæ æмæ сæрибар- мæсидæг’ тохы зарджытæ. Фæлæ æрсабыр бæстæ. Банцадысты топпы гæрæхтæ. Адæмы марой æмæ тохмæсидæг зарджытæ раивтой ног цардаразджы- гы цины зарджытæй. Бахъомыл чысыл Митуш. Сæ хъæуы йе ’мкар сабитимæ 1928 азы бацыд Зонкъары райдиан скъоламæ. Уый фæстæ ахуыр кодта Уанаты астæуккаг скъолайы. Фæстæ- дæр каст фæцйс Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндон. Ахуыр- гæнæгæй акусыны фадат ын нæ фæцис. Æрсидтысты йæм Сырх Æфсадмæ, Ахуыр кодта Ленинграды фистæгæфсæддон ахуыр- гæнæндоны. Ам æй æрыййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст." Ар-, дыгæй ацыд фронтмæ. Ам, Ленинграды фронты, лейтенант Уа- лыты Ладойы фырт Митуш иу æвирхъау тохы 1941 азы 6 сен- тябры мард фæцис фыдгул знаджы нæмыгæй. Афтæ фæцис йæ цард Уалыты лæппуйæн. Стъалыйау ферт- тывта чысыл, æмæ уадидæгæн басыгъд. Басыгъд. Æвирхъаудзинад у уый, йæ фæстæ кæй ныууагъта цæргæйæ, уыдонæн уæззау маст æмæ сагъæсты хос. «Карз æмæ уæззау тохты революцийы артдзæст Ленинград бахъахъхъæныны сæрыл хъæбатырæй фæмард», — хъусын код- та уыцы бонты лæппуйы ныййарджытæм Митушы æфсæддон хайы командир. «Хъæбатырæй фæмарди» — æрмæстдæр дыууæ дзырды, æв- зонг лæппуйы цард æгасæйдæр уыцы дыууæ дзырдыл банцад. 90 æхсæг дивизийы 173 æхсæг полчы æхсæг взводы коман- дир лейтенант Уалыты Ладойы фырт Митушы тохы хабæрттæ æууыл фесты. Фесты. Æртæ мæйæ чысыл хуыздæр æппынæдзух уыд æвир- хъау хæсты цæхæры, чи йæ зоны, цал фашистон сырды барвыста йе взводы хæстонтимæ ингæнмæ. Цал æмæ цал къахдзæфы акод- та фидæиы стыр уæлахизмæ хæсты фыццаг бонты. Алкæмæн дæр зындгонд сты уыцы мæйты Советон Æфсады лæгдзинадæв- дисæг æнæнтау тохтæ. Æмæ уыцы лæгдзинады тохты хайади- сæг уыд зонкъайраг лæппу Уалыты Митуш дæр. Æнæнымæц хъæбатырты æбæрæг нæмттæ! Хæсты фыццаг мæйты чи бабын, уæлахиздзинады кæрон чи нæ уал федта, аф- тæмæй æбæрæг ингæнты сæ тохы хабæрттæ æмæ се ’гъуыстаджы нæмттæ кæмæн басусæг сты. Цалдæр бæрæг дзырды хæсты æвирхъау цæхæр æмæ ас- тæумæ туджы лæсæнæй æрхæццæ сты Уалыты Митушы тохы тыххæй йæ ныййарджытæм: «Уæ фырт лейтена^нт Уалыты Миту- шы взвод удуæлдайæ хъахъхъæдта революцийы артдзæст. Ле- нинграды горæты ’рдæм здæхты фашистон сырдтæ æрбакалдтой æвæджиау стыр тыхтæ, знаг йе стыр зиæнтты ницæмæ даргæ- йæ, бырсы горæты ’рдæм. Фæлæ йын дæттæм ахъаззаг ных- къуырд. Иу тохы, уый уыд 1941 азы 6 сентябры, Митушы взвод цы полчы скопды уыдис, уын аппæрста пемыцæгты 5 атакæйы. 553.
Тох карз æмæ æвирхъау уыдис. Уыцы карз тохты æхсар æмæ •лæгдзинад равдыста уæ фырт, хайад иста йе взводимæ джебо- гъæй тохты. Знаг фæстæмæ æппæрст æрцыд. Уыцы тохты хъæ- батырдзй мард фæцис уæ фырт. Ард хæрæм нæ хæстон æмбалы раз, Ленинграды кæй иæ ратдзыстæм фыдгул знагæн», — афтæ фыста Уалыты Митушы батальоны командир. Йæ фыдыуæзæгæй дард, Ленииграды бынмæ ис Уалыты Митушы тохы бæлццоны æбæрæг ингæн. Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд. Фæлæ ма абон дæр нæ рох кæнынц зонкъайрæг- тæ, цард афтæ бирæ чи уарзта, æмæ царды сæрыл йæхи нывон- дæн чи æрхаста, уыцы æмбисонды хæларзæрдæ лæппу Уалыты Митушы ном. Ъ
Дзугаты Георги ÆФСАДЫ ХЪУСТÆ ÆМÆ ЦÆСТЫТÆ зауы районы Хуыцъейы хъæуккаг Харебаты Арсе- ны фырт Ароны рагæй зонын, суанг 1930 азы Цхинвалы педтех- никумы куы ахуыр кодта, уæдæй фæстæмæ. Уый йе ’мбæлттæй хицæн кодта канд йæ зæрдæргъæвдæй нæ, фæлæ, сазйраджы. лæдæфсард æмæ чысыл мадзура кæй уыд, уымæй дæр. Арои уæдмæ, мæгуыр хæххои лæджы фырт кæй уыд, уымæ гæсга? сæрд хатти æххуырстæй, зымæг та-иу скъоламæ цыдис. О, æмæ ныр техникуммæ куы бахауд, уæд ма ’хсæв-бон ’ кæм хынцыдта, æнæхъæнæйдæр ’ахуыры аныгъуылд. Афтæмæй 1937 азы æрыгон лæппу æнтысгæйæ каст фæцис техникум æмæ йæ райгуырæн хъæу Хуыцъейы æнæххæст астæу- каг скъолайы куыста ахуыргæнæгæй. Гъе, фæлæ йæ дарддæры ахуыры хъуыды йæ сæрæй нæ хицæн кодта, æмæ 1939 азы бацы- • ди Цхинвалы педагогон институтмæ. Уæвгæй йын дзы бирæ .ахуыры фадат нæ фæци. Цалдæр мæйы фæстæ йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. . Æвзыгъд, ахуыргонд лæппуйы уайтагъд барвыстойг баст- дзинады ахуыргæнæндонмæ. Каст æй фæци 1941 азы майы мæ- 555
йы. Радтой йын лейтенанты ном æмæ службæ кодта Мæскуыйы æфсæддон окруджы Рыбинскы горæты взводьт командирæй. Хæларзæрдæ, рæвдз командиры бирæ уарзтой йæ хæстонтæ дæр æмæ йæ хистæртæ дæр. Аропы Стыр Фыдыбæстæйон хæст æрыййæфта Рыбинскьг горæты. Се ’фсæддон хай сын уайтагъд арвыстой Ленинграды фронтмæ. Уым удуæлдай тох кодтой Ленины горæтмæбырсæг гитлерон^æрдонгты ныхмæ. Ленинград æрхъулайы куы уыд, уæд йæ хъахъхъæнæг æфсæдтæ дæр маамæлайы къæбæрæй цардысты, фæлæ уæддæр æхсарджынæй хæцыдысты тыхгæи- джытимæ. — Арæх хордтам, бæхтæн-иу цы жмих лæвафдтой, уый, — æрымысы Арон. Фæлæ уæддæр хъахъхъæдады хæцæн- уæтты, æндонкъулау, лæууыдысты советон хæстонтæ. Арон йе ’взводы салдæттимæ астæумæ мит æмæ су’дзгæ уазалы рæвдз кодта бастдзинады хахх, фронты мидæг командиртæ сæ хъус- тæ æмæ сæ цæстытæ кæй хуыдтой, уыцы ахсджиаг фæрæз. 1942 азы январы Ленинграды фронты чи хæцыд, уыдонæй организаци кодтой хъазуат бырсæг бархион батальонтæ. Уыдон хъуамæ æхсарæй бабырстаиккой Ладогæйы цадыл, ныддæрæн кодтаиккой знаджы æмæ донкъубалæгыл фæндаг айгæрстаик- кой, цæмæй æрхъулайы уæвæг Ленинградмæ хæлц ласыны фа- дат фæуыдаид. Арон дæр бацыд уыцы бархион батальонтæй сæ иумæ. — Арастыстæм æхсæвы тары, — фæдзуры Арон. — Хæс- тонтæ сæ урс халатты миты гæзæмæ фæлурс хуызæй бирæ ницы хмцам1 кодтой. Цæуæм арæхстгай, цæмæй нæ знаг ма бафиппа- йа. Бонырдæм фашистты хъомысджын прожектортæ чъеппытæ райдыдтой хæсты быдыр. Уый фæстæ тымыгъ сыстад, цæс- тыты куырм кæны. Ихуазал, топпынæмыгау,, уæнгты иннæрдæм хпзы, фæлæ хæстонтæ лæгæрдынц, ссæндынц размæ, æрмæст- лæр размæ! Хæрзæввахс бацыдыстæм фыдгулы хæцæнтæм, афтæ ныл згъалын райдыдтой бомбæтæ, сармадзаны æмæ минаметты нæмгуытæ. Ладогæйы цады 34 км фæтæнæн донкъубалæг зын- дон фестад. Бомбæтæ æмæ хъыбылы мардыйас судзгæ яæм- гуытæ арвмæ æппарынц бæзджыи ихы стыр фæзгъæртæ, бæр- зонд ныссæххæтт кæиынц дондзæджындзтæ. Бирæ хъæбатыр лæппутæ сæ туджы мæцынц. Бирæтæ æнусмæ мæрдвынæйæ аз- зайынц астæумæ тугхъулон миты. Фæлæ уæддæр бырсæм, —’ дзуры дарддæр Арои. — Цыфæнды фæуа, уæддæр хъуамæ нæ къухы бафта ахсджиаг æфсæнвæндаджы станц Киришин. Уалынмæ уырыссаг ураимæ ныббырстам хъазуатæй. Стыр зиæнттæ ныл æрцыд, фæлæ станцæ нæхи бакодтам. Райдыдтам нæ плацдарм уæрæхдæр кæнын, — фæци йæ ныхас Харебайы фырт æмæ ныхъхъус, йæ фæтæн къуыпп ныхыл йæ армытъæпæн •сæвæрдта, афтæмæй. Æвæццæгæн, йæ карз тохы нывтæ йæ ра- 556
зы згъордтой фæд-фæдыл, гъе та йæ зæрдыл æрлазууыдысШ йæ зынгхуыст тохы æмбæлттæ. Ам, Ленинграды фронты Аронæп радтой хистæр лейте- нанты ном, сси ротæйы командир. Иу хъазуат бабырсты рæстæ- джы Аронæн минæйы нæмыджы схъисæй ’йæ рахиз фарс уæз- зау цæф фæцис. Санитартæ йæ æрæгмæ ссардтой, стæй уæд ба- хауд æввахсдæр санитарои хаймæ. Йæ хæстон æмбæлтта? стыр хъыгзæрдæйæ ныффыстой Ирыстонмæ йæ бинонтæм, зæгъгæ, æхсарджынæй фæмард Харебайы фырт. Ароны мæлæтдзаг цæфæй аластой Пермн горæты æфсæд- дон госпиталмæ. Фондз мæйы дзы фæхуыссыд, хъысмæты фы- дæнæн радзæбæх æмæ та йæ 1942 азы арвыстоп Калинины фронтмæ. Фæстæдæр, 1943 азы службæ к’одта 84 æхсæг корпусо! ро- тæйы командирæй. Се ’фсæддон хай сын арвыстой Белоруссимæ. Ароны ротæ хайад райста, знагæн Витебскы’ цы стыр æфсæддон къорд уыд, уый дæрæн кæныны. Харебайы фырт йæ салдæтти- мæ ам стыр æхсар æмæ арæхст кæй равдыста, уый тыххæи йæ осорзæхджып кодтой Сырх Стъалыйы ордепæп, афтæ йæ хæс- тонтæй дæр бирæты. Уый фæстæ Аронæн радтой майоры ном æмæ, корпусы бастдзинады батальоны командиры хæдивæг уæвгæйа*, уый хæцыд Прибалтикæйы фронты. Йæ батальонимæ бирæ сгуыхт- дзинæдтæ равдыста знаджы æфсады Курляндийы стыр къорд куынæг кæныны хъуыддаджы. Ам ын лæвæрд æрцыд Фыды- бæстæйон Хæсты 2-аг къæпхæны орден. Афтæ ма хорзæхджьи* у цалдæр хæстон майданæй дæр. Аронæн йæ царды ’мбал, хистæр сержант Демьянова Мария дæр æппæт хæсты зынвæндæгтимæ уыдис йемæ. Службæ кодта полчы оперативон къорды. Уый дæр хорзæхджыи у Сырх Стъа- лыйы орденæй æмæ цалдæр майданæй. Хæсты фæстæ рацыд демобилизацийы, инвалид кæй уыдис, уымæ гæсгæ. Æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Дыууæ азы акуыста Цхинвалы облархивы директорæй, стæй ацыд Уыр^ыс- ^æ. Уым службæ кодта Калинины æфсæнвæндаджы. Радтой йын .æфсæнвæндаджы техник-лейтенанты ном æмæ та 1951 азы æрыз- дæхт йæ райгуырæи уæзæгмæ. АронæмæйæзæриндзыккуцъæхдзастæфсинМария, сæ индзы- .лер чызг Азяе æмæ сæ лæппу Руслан хæларæй сæмбæлыиц сæ уаз- джытыл, бацин сыл кæнынц, барæвдауынц сæ. Ахæм рæстæджы Арон æмæ Марияйæ, æвæццæгæн, рæстæгмæ æрбайрох вæй- йынц карз хæсты зын бонтæ, сæ бирæ дудгæбæттæ. Баикъа- рынц сабыр царды æхцонад. Бафæнды сæ, цæмæй нæ Фыды- бæстæйы сыгъдæг, рæсуг арвыл хæсты сау мигътæ макуал сыстой, фæлæ уа кæддæриддæр ирд æмæ райдзаст. ^
Дзугаты Георги СИДЗÆР ЛÆППУЙЫ ТОХВÆНДАГ ады штабы Сæстыхайы иу къуымы тымбыл- дзæс^ом, фидæрттæарæзт хæстон. Хуыйы йæ цинелы нæмыг- дзæфтæ æмæ минæйы схъистæй скъуыд *быиæттæ. Хуыйы, фæлæ йæ хъуыдьт та знæт разил-базил кæны, чысыл раздæр цы зындоиæй райрвæзт, уыцы карз тохы быдыры. Хъуыддаг рауад афтæ.. Бæхджын æфсады дивизийæ фрон- ты тæккæ раззагдæр хаххыл чи уыд, уыцы дæлхæйттæй си иуи- мæ бастдзинад фехæлд æмбисæхсæвæй фæстæмæ. Бонмæ бирæ иал уыд, афтæ дивизийы командир фабсидт штабы кусæг Харе- баты Александрмæ. Бардзырд ын радта, цæмæй уыцы дæл- хайы командирмæ фæхæццæ кæна пакет. — Мыййаг исты фыдбылыз... Уæд пакеты æвиппайды скуы- нæг кæн, —бафæдзæхста йын фæстаг хатт. Александряен йæ автрмат йе ’фцæджы, афтæмæй къаннæг- гомау сырх бæхыл фæтæхы Ростовмæ ’ввахс тыгъд быдыры. йæ цинелы æддейæ ис урс халат, йæ сæрыл дæр урсбын хъус- дл^ын худ. Хъавы ныллæгдæр бынæттæм, къутæргæрæттæм. Фыдгулы прожектортæ æгæрон атагъаты дыууæрдæм, фæ- ринк æхсаргардау, чъеппытæ кæнынц. Харебайы фырт сæ 558
йæхи хизы, афтæмæй тындзы. Йæ бæх цæуы кæм фатдзуйæ„ фылдæр — сæппдугъ æмæ бынтон быгъдæг бынæтты та — гæппдугъæн. Рæстæгæй-рæстæгмæ райхъуысы кæцæйдæр зна- джы пулеметты бæзджын рæйд, автоматты цыбыр, скъуыдтæ- скъуыдтæ къæр-къæр. Александр хорз зыдта, кæдæм цæуы, уыцы дæлхай цы рац ис, уый. Тындзы, бирæ йæ нал хъæуы. Арвы кæрæттæ дæр цъæх райдыдтой. >Митæмбæрзт урс быдыр фæтæнæй-фæтæндæр кæны. Уæртæ, гъе, уыцы куылдымтыл сты^’кæй агуры, уыцы ’фсæд- тæ. Æхсызгон сулæфы. Цалдæр минутмæ сæм бахæццæ. Раст цы-' ма зæххы бынæй февзæрдысты, уыйау йæ тæккæ уæлхъус алæу- уыдысты иу салдат æмæ сержант. Топпытæ йæм фæдардтой: — Æрлæу, чи ’рбацæуы? — Хион, зæгъгæ, фæкодта барæг æмæ сын пароль загъта. Стæй сæ афарста, сæ дæлхайы командиры бынат кæм ис, уу- - мæй. Уыдон ын æй ацамыдтой. Уый чысыл фæстæдæр балæу- уыд уым. Пакет радта командирмæ. Бæстон базыдта дæлхайы уавæр æмæ фæстæмæ скъæрын райдыдта йæ фæд-йæ фæд. Ныр дзæбæх æрбабон. Уазал ирдгæ дзæнгæлтæ кæны. Барæг йæ хъусджын худыл арфдæр æрхæцыд. Бæх стæм хатт фæхуыррытт кæиы, йæ комы тæф сæууон уæлдæфы, мигъы тъыфылтау, абады йæ разæй. Бирæ йæ нал хъуыд, се штаб цы станцæйы уыд, уырдæм,, афтæ йæ рахизфарс, дæрддзæф, къутæрты фæскъæбутæй рай- хъуыст автоматты къæр-къæр. Нæмгуытæ йæ хъусты цурты цъыввыттытæ кæнынц. Æввахс рæтты йæм фехæлд цалдæр ми- нæйы. Харебайы фырт йæ автоматæй къорд æхсты фæкодта уыцы . къутæртæм уæлбæхæй, стæй йæ дугьон фæцагайдта гæппду- гъæй. Автоматтæ исдуг фæхъус сты. Фæлæ та райхъуыст ногæй къæр-къæр. Æрдæбонау, бирæйæ нал, фæлæ ныр цыма у æр- мæст иу автоматы æхст. «Чи зоны, мæ зæрдаив æхстæй исты рауад»... — ахъуыды кодта æмæ йæ бæхы саргъыл æрныллæг, растдæр зæгъгæйæ, нынныхæст, афтæмæй фатау тæхы размæ,, стæм хатт ма ауайы нæмгуыты æхситт йæ хъустыл, стæй бын- тондæр бамыр сты. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, Лермонтовы поэ- мæ «Демон»-æй æнæкæсгæйæ кæй зыдта, ахæм строфæ: Скакун лихой господина Из боя вынос как стрела, Но злая пуля осетина Его бо мраке догнала. «Автоматтæйæхсджытæ, æвæццæгæн, знаджы разсгарджы- тæ уыдысты, фæлæ минаметтæ та кæцæй æхстаиккой?» — хъуы- ды кæны тæхгæ барæг йæ мид-зæрдæйы. Æр’бахæццæ станицæмæ. Штабы раз æргæпп ласта фын- 55$
кæйдзаг, фæздæгкалгæ бæхæй, салдатмæ йæ авæрдта, йæхæ- дæг бацыд дивизийы командирмæ. Фехъусын ып кодта, йæ бар- дзырд кæй сæххæст, уый. Цыбыр, карды карстау, иыхæстæй • Æын радзырдта сæ дæлхайы уавæр дæр. ...О, æмæ ныр йæ цинел хуыйгæйæ, йæ цæсты раз згъорынц канд йæ хæстон бонтæ нæ, фæлæ ’ппæт йæ цардвæндаг, йæ си- дзæры хъысмæт. Александрыл æхсæз азы дæр нæма сæххæст, а’фтæ йæ фыд Кысыл, Калачы æфсæнвæндаджы кусæг, амарди. Александр æмæ йæ хо сидзæрæй баззадысты сæ мады ’вджид. 1920 азы меньшевиктæ куы ’рбабырстой Хуссар Ирыстонмæ, уæд сидзæргæс мад йæ дыууæ сабийы сæ хъæу хуыцъейаг æн- дæр биноитимæ хъæдмæ акодта. Уым сæхи бааууон кодтой Æгъатыр знæгтæй. Цасдæр рæстæджы фæггр чысыл Алексан- дры йæ фыды ’фсымæр Алекси акодта сæхимæ, Карелмæ. Йæ мад æмæ йæ хо та лигъдæттимæ ахызтысты Цæгат Ирмæ. 1921 азы, меньшевикты хицауад ныддæрæны фæстæ, Хус- сар Ирыстоны лигъдæттæ фæстæмæ сæ райгуырæн уæзæгмæ куы ’рыздæхтысты, уæд Алексачдры мад дæр æрцыд æмæ æр- цард Цхинвалы. Кæцыдæр уагдоны ныллæууыд бæстыхæиттæ мæрзæгæй æмæ афтæмæй хъомыл кодта иа- сабиты. 1923 азы Александр ахуыр райдыдта ирон фæллойадон скъолайы, фæ- ’ лæ дзы 6 къласы куы фæци, уæд æй, йæ хæдзары уавæртæ кæй нæ амыдтой, уымæ гæсгæ ныууагъта, фæстæдæр иу дыууæ кур* <сы сахуыр кодта Мæскуыйы МГУ-йы рабфактæй сæ иуы. Уый фæстæ экстернæй каст фæцис кусæг фæсивæды астæуккаг скъола. Кусын райдыдта æндæр æмæ æндæр бынæтты. Фыццаг -куыста магазины ахуыргæнинаг-уæйгæнæгæй, уый фæстæ сси фæскомцæдисон магазины хистæр. Цалдæр азы уыдис банчы- кусæг дæр. Александр кæмдæриддæр куыста, уым уыдис цæ- виттойнаг, активон — æхсæнадон хъуыдд^гты. Банкæй йæ ар- выстой Знауыры районы тæрхондоны сæрдарæй, фæкуыста дзы дыууæ азы бæрц æмæ та ногæй Цхинвалы банкмæ æрбаивта... Фæци йæ цинел æмпъызт æмæ та райдыдта йе штабы куыстытæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Александр дæр, не ’ннæ фæсивæдау, ацыд æфсадмæ. Фыццаг ахуыр кодта Тбилисы Закфронты курсыты. Каст сæ куы фæци, уæд æй ар- выстой бæхджын æфсады 115 дивизийы штабы хистæры хæди- вæгæй. Уæдæй фæстæмæ æппæт хæсты азты бæхджын æфсады хицæн æмæ хицæн æфсæддон хæйтты кодта уыцы службæ. Аф- тæмæй Батайскы горæтæй суанг Денигсбергмæ æхсарджын тох- ты цæхæры размæ бырста. Штабы куыстæй йæ бæрны цы уыд, уый æххæст кодта хъаруджын æмæ цæсгомджынæй. Харебайы фырт дивизийы командæкæнынады бардзырдтæ | афоныл æмæ æхсарджынæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй хор- зæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Фæстæдæр Бело- руссийы зæххыл фыдгулы дæрæн кæныны уæлдай лæджыгъæд ,560-
азмæ арæхстдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Фыдыбæстæйы Хæсты Н-аг къæпхæны орден. Уыдонимæ ма йын ис цалдæр майданы дæр. Александр æфсадæй æрыздæхт 1946 азы гвардийы хистæр лейтенанты номимæ æмæ æнувыдæй аныгъуылд сабырадон царды фарны хъуыддæгты, цалдæр азы фæкуыста Гуырдзысто- ны Компартийы Хуссар Ирыстоны обкомы инструкторæй. 1952 азы каст фæци ГКП ЦК дыууæазон партион скъола. Уырдыгæй куы ’рбаздæхт, уæддæр та кодта ногæй бæрнон партион куыст. Уый фæстæ Харебайы фырт æхсæз азы дæргъы куыста’ Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы культурæйы хайады хис- тæры хæдивæгæй. Александр ныртæккæ разамынд кæны Цхин- валы районы культурæйы хайадæн. * 36*
Джиоты Соломан ХЪАРУДЖЫН АФИЦЕР æситы Уасилы фырт Михаил райгуырд 1914 азы Знауыры районы Торманеулийы хъæуы «мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Уый 1929 азы каст фæци сæ хъæуы райдиан скъола, 1932 азы та — Тбилисы ирон фæллойадон скъолайы 7-æм кълас. •' \ Михаил 1934—36 азты ахуыр кодта Цхинвалы педагогон кусфачы. Тынг рæвдз уыд ахуырмæ æмæ кусфак каст фæци иттæг хорз нысæнттимæ-. Уый фæстæ Михаил службæ кодта Сырх Æфсады рæнхъы- ты. 1938 азы æрыздæхт æфсады рæнхъытæй. 1941 азы фæ- куыста ахуыргæнæгæй Рустау, Торманеули æмæ Малдайы хъæуты скъолаты. Æрбалæууыд 1941 азы 22-æм июнь. Сæумæрайсом. Фыд- гул, фыдызнаг фашистон Герман йæ бон калдта. Æнæхъæи Европæйы паддзахадты уый агъсгммæ æнцонæй йæ дæлбар .бакодта, уый æппæт хъæздыгдзинæдтæ ныр йæ къухы уыдыс- ’ты. Йæ фæнд афтæ уыд, цæмæй нæ уарзон социалистон Рай- гуырæн бæстæ дæр уыцы иу фæцæфæй басастаид æмæ йæ йæ къухы бакодтаид. Фæлæ сæрхъæн фюрерæн йæ сау фæндтæ 562
йæ хъуыры’ фæбадтысты. Æппæт советон адæмтæ растадысты фыдызнаджы æбуалгъ митæн аккаг дзуапп радтыимæ. 1941 азьг ноябры Михаилмæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Арвыстой йæ политикон кусджыты курсытæм Ба- кумæ. Курсытæ каст фæци 1942 азы январы æмæ йæ арвыстой Хъырымы фронтмæ 38-æм æхсæг дивизийы 551 полчьг. ротæйы политикон къухдариуæггæнæгæй, Карз тохтæ сцырын горæт Владиславкæйы цур. Знаг ар- дæм æнæвгъау калдта æфсад æмæ хæцæигарз. Нæ хæстонтæ æвдыстой æнæфенгæ хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад. Дже- богъон тохтæ бонизæрмæ фæлхатт кодтой цалдæргай .хæтты- ты. Алы тохы дæр Михаил иста активон хайад,. йæхи æппæрс- та, зындæр-иу цы фадыджы уыд, уырдæм. Иуран знаг тынг æрбауынгæг кодта махуæтты. Цæмæй хæстонты уæнг ма асас- таид, уый тыхх-æй Михаил йæхи размæ байста æмæ ныхъхъæр кодта: — Хъæбатыр советон хæстонтæ, мæ фæдыл размæ Рай- гуырæн бæстæйы тыххæй! Сцырын та ногæй хæст, рæмудзынц гранаттæ, къæр-къæр кæнынц автоматтæ, сгæй та скуыстой джебогътæ дæр. Цагъ- ды кæнынц фашисттæ, стыр зиæнттæ цæуы махуæттыл дæр, фæлæ сæ цы уромы, алкæмæ дæр сæ уыд æрмæст иу хъуыды: знаг хъуамæ куынæг æрцæуа æмæ фыдбыльизæй фервæзын чындæуа нæ ахсджиаг Райгуырæн бæстæ. Ацы хъуыды ба- зъгртæ сагъта нæ хæстонтæй алкæуыл дæр. Уыцы карз тохты, чи зоны, цал фашисты ссардтой сæ мæ- лæт Михаилы къухæй, фæлæ йæхæдæг дæр афтæ уæлæнгæйт- ты нæ раирвæзт: знæгтæ йын джебогъæй фæцæф кодтой йæ рахис цонг æмæ къах. Йæ къух ма фæцæф гранаты схъисæй дæр. — Мæлæтæй мæ фервæзын кодта мæ хæдивæг, старшинæ Новосельцев Давид Николайы фырт, — дзуры Михаил. — Фриц мæ æртыккаг цæф куы фæцæйкодта джебогъæй, уæд æй уый ариуыгъта æмæ йын йæхи гуыбыны фæцавта джебогъ. Никуы мæ ферох уыдзæн мэб курскаг фронтон хæлар. Æз ма йыл сæмбæлдтæн Сочийы госпиталы æмæ тынг фæцин кодтам нæ кæрæдзийыл. Фронтæй мæ цæфæй куы раластой, уæд горæт Владислав- кæмæ хæстæг Семисоткæйы хъæуы быдырон госпиталы сæм* бæлдтæн нæ зындгонд дохтыр Дзадтиаты Михелы фырт Ива- ныл. Уый уыд уыцы госпиталы хирург. Тынг мыл баузæлыд, м-æ цæфтæ мын бабаста æмæ мæ иннæ цæфтимæ арвыста го- рæт Керчы госпиталмæ. Уырдыгæй та мæ Сочимæ арвыстой дарддæр хос кæнынмæ. . . Хасийы фыртæн ацы госпиталы хос кодтой дыууæ мæйы дæргъы. Байгас сты йæ хъæдгæмттæ æмæ ногæй æрвыст æр- цыд фронтмæ. — -Керчмæ. Уый уыд 1942 азьг майы мæйы. Уæд 563;
Керчы цыдис уæззау тохтæ. Знаг уый бæрц æфсад, хæцæнгарз ,æмæ хæстон техникæ ’рбакалдта уырдæм, æмæ махуæтты ба- хъуыд фæстæмæ алæууын. Рахызтысты Керчы донбакæлæныл æмæ æрцыдысты Кубанмæ. Краснодары горæты цур иу хъæу Кисляковкæйы уыцы рæстæджы лæууыд 224-æм гуырдзиаг дивизи. Дивизийы уæззау тугкалæн тохты фæстæ< ногæй бах- хæст кæнын кæй хъуыд удæгас тых æмæ хæцæнгараæй, уый тыххæй йæ эшелонтыл арвыстой Гуырдзыстоны ССР станцæ Авчъаламæ. Михаил уырдыгæй æрвыст æрцыди 1942 азы 2 августы шифровалыцикты курсытæм æм-æ сæ каст фæци уыцы аз 3 декабры. Уый фæстæ йæ арвыстой 417 æхсæг дивизийы штабы б-æм хайы хистæры æххуысгæнæгæй. Дивизи уыцы рæстæджы уæззау, æнæмсæр тохтæ кодта фашистон абырджытимæ Мæз- дæджы горæты цур.ч^ 1943 азы январы дивизи Малгобечы ’рдыгæй райдыдта бырсын Мæздæгмæ æмæ йæ бирæ тугка- лæн тохты фæстæ ссæрибар кодта знæгты дзæмбытæй. Нæ хæстонтæ знагæн æнцойад нал лæвæрдтой, тардтой сæ сæ разæй горæттæ Прохладный, Георгиевск, Минеральные Воды, Тихорецкы уонг. Тихорецкы знаг йæхи æрфидар кодта æмæ та ам бахъуыди карз тох самайын. Дыууæ боны уæззау тохты фæстиуæгæн та ацы горæт дæр ссæрибарис. 417 дивизи размæбырсæн тохтæ кодта Азовы денджызы былгæрæттыл. Знаг æнцæйттæй нæ лæууыд фæстæмæ. Æгæр тыхджын ма уыд уæд фашистон Герман. Æнæвгъау калдта уый йе ’фсæдты махонты ныхмæ. Иу хатт Азовы денджызы былгæрон горæт Приморско-Ахтарскы цур ныхмæлæууæджы танкæйон æфсæдтæ не штабы фæхицæн кодтой сæйраг тыхтæй ашæ’æрхъулайы бахауд. Уым Михаил равдыста тынг арæхст- дзинад: штабы сусæг документтæ æдас ран зæххы баныгæдта æмæ уьщы бынат йæ зæрдыл бадардта. Штабонтæ сæхæдæг тохы бацыдысты’ знагимæ. Кæд фашисттæ бирæ фылдæр уы- дысты, уæддæр махуæттæ кодтой удуæлдай тох. Уæдмæ сæм æххуысмæ æрбарвыстой ног тыхтæ æмæ знаджы ныффалгæрон кодтой. Штабы документтæ баззадысты æнæхъæнæй, Михаил та хæстон хæрзиуджыты тыххæй майдаыæй хорзæхджын æрцыд. Уый фæстæ дивизийы бакодтой 4-æм Украинаг фронтмæ æшæ кайад райста 1944 азы майы Хъырымы æрдæгсакъадах фыдызнагæи ссæрибар кæныныл тохты. Уыцы тохты рæстæ- джы шифрон бастдзинад иттæг хорз кæй сорганизаци кодта, уый тыххæй та Михаил хорзæхджын æрцыд Хæстон сгуыхтдзи- иæдты тыххæй медалæй. 1944 азы июлььдивизийы арвыстой 1-аг Прибалтиаг фронты скондмæ æмæ хайад райста горæттæ Смоленск, Вильнюс, По- йевелсис æмæ Шауляй ссæрибар* кæныны сæрыл тохты. 1945 азы марты мæйы та уæззау тохты фæстиуæгæн ссæрибар код^- та горæт Тукум. Фашисттæ фæсчъылдымы ’рдыгæй иыццавтой 564
махуæтты æмæ дивизи аззадис се ’рхъулайы. Ам ахсджиагуыд шифргæнджыты куыст, хъуыдис сусæг бастдзинад сорганизаци кæнын æмæ шифргонд документтæ та знагæй бахъахъхъæнын. Иу дæр æмæ иннæ дæр иттæг хорз сæххæст кæнын бантыстис хъæбатыр советон афицер Хæситы Михаилæн. Бирæ хæттыты- иу мæлæт йæ уæлхъус лæууыд, фæлæ æнæфæцудгæйæ æххæст кодта йæ иттæг ахсджиаг æмæ бæрнон хæстон хæс. Ам Михаил стыр хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад кæй равдыста, йæ организаторон арæхстдзинад ын кæрæй-кæронмæ кæй бантыст равдисын, уый тыххæй хорзæхджын ’ æрцыдис Фыдыбæстæйон Хæсты II къæпхæиы орденæй. Æрбаввахс хæсты кæрон. Советон æфсæдтæ штурмæй сис- той фашистты лæгæт Берлин, æмæ Михаил цы дивизийы служ- бæ кодта, уый та хæсты фæстаг бонты куынæг кодта фашистты базайæццæгты Курляндийы. Уым фæци немыцаг фашистти- мæ йæ’ тох Михаил. Уый фæстæ дивизи лæууыд горæт Ригæйы. 1945 азы сын сæ дивизи сæвæрдтой æфсæнвæндагон эшелонты æмæ сæ афæн- дараст кодтой империалистон Японимæ хæстмæ. Челябинскмæ куы ныххæццæ сты, уæд радиойæ фехъуыстой, зæгъгæ, хæст фæ- цис æмæ уæд дивизи дæр уым æрæнцад, нал ацыд. Михаил ма иу чысыл аслужбæ кодта фидыдадон уавæрты, стæй йæ рарвыстой йæ райгуырæн Ирыстонмæ, цæмæй хæрзи- уæгон куыст кæна æмбæстагон организациты мидæг йæ адæ- мæн. 1946 азы райдианы æрыздæхтис сæхимæ. Æфсадæй куы рыздæхт, уæдæй фæстæмæ Михаил цæсгом- джынæй фæкуыста æндæр æмæ æндæр организациты. 1953 азæй фæстæмæ та кусы Цхинвалторджы бухгалтер-ревизорæй. Миха- ил у хæларзæрдæ æмгар, цæсгомджын æмбæстаг. а
Цхуырбаты Иван ХУЫБИАТЬ! ЛЕУАН ртыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæг Хуыбиаты Иваны фырт Леуаныл тохы бь?дыры фыдусы æл- гъыст æрцыд — ахаудтой йæ дыууæ къахы. Леуан райгуырдис 1908 азы Лехурагомы, Бежанты хъæуы, мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Фыййаухъом куы фæцис, уæд цыд уæлыгæс гуыбыны хæлцыл, сывæллонæй бавзæрста æлда- ры уæззау æфсондз æмæ йæм уый равзæрын кодта сæрибардзи- надыл иузæрдиондзинад. Бирæ фæзарыд лæппуйæ Лехурагомы хъал фæсивæдимæ Антъоны революцион зарæг. Активон хайад райста коллективизацийы азты кулæкты ныхмæ тохы. Бежан- ты хъæуы колхоз куы рæзтис, уæд æм Леуан бацыд фыццаг бон æмæ дзы æнувыдæй фæкуыста 1941 азмæ. 1942 азы Леуан ацыд фронтмæ. Бæрцæй æхсæз боны дæр- гъы бацæттæ кодтой Хуыбиайы фырты иууыл стырдæр мина- меттæй æхсын, æмæ зæрдæргъæвд лæппу-лæг уайтагъд ссис цæ- виттойнаг минæхсæг. Минаметты уæззау лулæ позицийæ-пози- цймæ рогæй скъæфта йæ куыствæлтæрд къухты. Гитлеронтæ бырстой размæ, Леуан зæрдæрисгæйæ, хъæба- 566
тыр тохты фæстæ, советон хъæутæ æмæ горæттæ уагъта. фæлæ йæ йæ маст æнцой нæ уагъта æмæ æнауæрдонæй цагъта знæгты. — Афтæ, хуыцау дын хорз ракæна, — фæзæгъы Леуан, — æхсæз мæйы æхсæвæй-бонæй, дæргъæццон хъуырауы хуызæн минæтæ ме ’мбæлттимæ уагътам фрицтыл æмæ сыл астæубос нæ, фæлæ цъындабос дæр нал баззад, сæ сæры къуыдыртæ дæр-иу нал фæзындысты. Леуаны, ротæйы командир Зарботов Сергей мидхæсты си- дзæрæй баззад æмæ йæ схъомыл кодта мæздæгаг ирон лæг. Фæлтæрд афицер Зарботовæн цы амал уыд, уымæй мæлæ- тæй хызта ирон лæджы, аудыдта йыл æрвылуысм дæр. Хæлар зæрдæ йæм дардта Леуан дæр. Уый рабæрæгис иу карз тохы. Зарботов мæлæтдзаг цæф фæцис. Ауыдта йæ дардæй Леуак, фæлæ йын баххуысы фадат нал уыд йæ уарзон командирæн, æрмæст бахъуыды кодта уыцы бынат, æмæ, тох чысыл куы рын- цад, уæд иннæ командиртæй бар ракуырдта æмæ Сергейы агу- рæг ацыд, радтой ма йын дыууæ æмбалы. Хъæбатыр ирон знæг- ты ’хсæнты арастис тæссаг ранмæ. Ссардтой Зарботовы йæ ту- джы мæцгæ æмæ йæ æрбахæццæ кодтой сæ санитарон хаймæ. Иуахæмы Леуан цы дивизийы уыд, уый знæгты æрхъулайы баззад 5 боны. Фæлæ уыцы уæззау уавæры дæр Хуыбиайы фырт йе ’мбæлттимæ нæ хæстонты сæрты знæгтыл згъæлста ми- нæтæ. Уалынджы махуæттæ æдде-мидæгæй тонын байдыдтой гитлеронты æрхъула. Бацайдагъ сын ис карз джебогъæй хæст, Леуан дæр йæ джебогъæй рæхуыста цыфыддæр знæгты, цъæхс- наг чысайнаг хъæлæсæй «ура!» хъæргæнгæ. Размæ бырсгæйæ иу карз тохы Леуанæн зиаджы бомбæйы схъисæй йæ фатхъулы стджытæ ныппырх сты, йæ туджы мæц- ’гæ йæ ластой госпиталмæ, афтæмæй йæ дзæбæх къах дæр ба- сыд æмæ йын уый дæр йæ тъæпæнæй размæ алыг кодтой дох- тыртæ. Авд мæйы рынчындоны фæхуыссыд Хуыбиайы фырт, стæй йæ дыккаг къорды инвалидæй æрластой йæ райгуырæн хъæумæ. Æнæкъахæй дæр Леуан йæхи дæлæмæ не ’руагъта, бакод- та протезтæ æмæ æнæлæдзæгæй цæуы, Мересьев Алексейау. Дардмæ йæ хъуыддаг куы нæ вæййы, уæд йæ ног «Запороже- цыл» дæр нæ фæцæуы. Хуыбиайы фырт йæ хъæбатыр тохы тыххæй хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæны орденæй æмæ цалдæр майдаиæй. Хæсты фæстæ Леуан цалдæр.азы намысджынæй фæкуыста Монастеры колхозы сæрдарæй. Уый фæстæ куыста колхозы фер- мæйы хицауæй, дыргъдонгæсæй æмæ æфтауцдоны. Ныр кæд Ле- уанæн йе ’хсай азы йæхи фесты, уæддæр кæны физикон куыст, сарæзта йæхицæн’ног хæдзар, сахуыр кодта йæ фырттæй дыу- уæйы æмæ амондджынæй цæры йæ кæстæр хъæбултимæ. *
Пухаты Петро ,ХУЫБЕЦТЫ ФОНДЗ ÆФСЫМÆРЫ Ладикъо æрзонд, хæрзконд сылгоймаг йæ кæлмæрзæн фæс- тæмæ абаста æмæ арыиджы уæлхъус балæууыд. Иæ лæг — Хуыбецты Миха — тыргъæй мидæмæ бахъæр кодта: — Уæ, Пухон, хæдзары дæ?! — Куыд раджы цыд фæдæ, аходæн дæр куы нæма сцæттæ... — Æмæ кæд сцæттæ уыдзæн, кæд, Лонейы чызг, дæ ахо- дæн? — Мæнæ ма мæм.цы ссады тæпп ис, уымæй; зæгъын, кæр- дзын ракæнон. — Хорз, Нонейы чызг, хорз, Миха гас уæд, уый йедтæмæ тæрсгæ ма кæн. Дæ фыд Нонеимæ Пцайы Пухатæй фæйнæ гол- ладжы наргхор раластам. Дæ мад Дыгъуызон нын арахъхъ ,адардта æмæ мыл æгæр фæзынд, æндæра дзы ме ’ккой уæддæр рахастаин. Кæд сæ райсомæй сдавин, стæй кæд нæхи хуымтæ .дæр... Уæдмæ хæдзары фæмидæг сæ хистæр фырт Ладнкъо. Иæ дзыппæй фелвæста сырх билет. — Гыцци, æз комсомол дæн ныр, комсомол! — Мæнæ «спартаччытæ» кæй хонынц, уырдæм дæ айс- той? — бафарста фыд. 568
Раман Илуша Жора Георги 569
— О, раздæр спартак хуынди, ныр та комсомол. — Федтай, Пухон, уый мæ фырт у, гъе! — Дæ нывонд фæуа дæ гыцци, адæмы рæгъы рацу, уый йедтæмæ... Уый уыдис 1921 азы. Иу бон Ладикъо хъæубæсты адæмы æрæмбырд кодта æмæ сын радзырдта: — Абон райкомы уыди иумиаг æмбырд. Равзæрстой зæх- кусджыты комитет æмæ мæгуыртæн æххуысы комитет. Уыдон зилынц хъæуты. Тагъд махмæ дæр фæзындзысты. Уæлдай зæх- хытæ кæмæ уа, уыдонæй сæ райсдзысты æмæ сæ байуардзысты, зæххæй цух чи уа, уыдоныл. Адæм æмæзмæлд бакодтой. Миха йæ рихитæ адаудта, йæхи- уыл схæцыд. Олгъа дæр йæ мидбылты бахудт æмæ, йæ цуры чи бадт, уыцы устытыл йæ цæст ахаста. Иæ лæппуйæ бабуц. * * * 1926 аз. Михайы амардæй мæй æмæ ’рдæджы фæстæ ра- рынчын Олгъа. -Хъæуы зæронд устытæ хъуыддаг фæхатыдысты æмæ йæ алыварс æрбадтысты. Михаты хæдзарæй^райхъуыст ноггуырд сывæллоны кæуын. — Олгъайæн чызг райгуырд, — бацйн кодтой устытæ. — Уæ нывонд фæуæд мæ сæр, мæ файнустытæ. Уæ лæггад мæныл, уæд, фæлæ мæ, æгайтма, ацы хатт чызг фæцис, мæ фондз лæппуйæн хо, — сдзырдта Олгъа. Чызгыл ном сæвæрдтой Еуа. Олгъа рынчын ахаста æмæ хæдзармæ фæкæсæг куынæ- уал уыдис, уæд йæ хистæр фырт Ладикъойæн бинонтæ æрхаста. * * * Ладикъойы кæстæр æфсымæр Раман йæ мады ’фсымæртæм цард. Каст фæци Схлиты райдиан скъола æмæ æрцыд сæхимæ. Уый фæстæ Раман йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы. Уым авдазон скъола фæуыны фæстæ кусыи райдыдта сæхи’ хъæуы колхозы. Иу бон Олгъа Раманæн афтæ зæгъы: — Мæ хъæбул, Ладикъойæн феххуыс кæн, цы зоныс, уый йын ма бахæлæг кæн. Уæдæй фæстæмæ Раман алы æвдæлон сахаты бадт Лади- къойы цур æмæ йын амыдта кæсын, фыссын. Иу боп æрыхъуыст, зæгъгæ, дам, Дзауы бакодтой зоотех- никум. Раманы дæр ма цы хуыздæр хæрзиуæг хъуыд. Къуыри фæстæдæр скъолайы къулыл фæзынд номхыгъд. Уый уыд, Дза.- уы зоотехникуммæ кæй айстой, уыдоны номхыгъд æмæ йæ тæк- кæ астæу фыст уыд Хуыбецты Михайы фырт Раман. 570
Раман Дзауы техникумы куы ахуыр кодта, уæд йе ’фсымæр Илуша та цыд Знауыры авдазон скъоламæ. Уым ын цы уроктæ лæвæрдтой, уыдон уый та амыдта Ладикъойæн. Илуша Зна- уыры авдазон скъола каст куы фæцис, уæд уый дæр йæ ахуыр адарддæр кодта Дзауы зоотехникумы, Раманимæ ахуыр кодтой иумæ. Иу бон Ладикъо æмæ Федыр районæй æрбацыдысты. Басидтысты хъæуы партионтæ æмæ фæскомцæдисонтæм, æмæ сын Ладикъо загъта: — Нæ алыварс хъæуты арæзт æрцыд колхозтæ æмæ сæ хъуыддаг цæуы хорз. Æгъгъæд у махæн дæр, федтам, базыд- там, коллективон хæдзарад иуæгон хæдзарадæй хуыздæр кæй у, уый æмæ нæ искæмæ кæсын нал хъæуы, афои у, колхоз сара- зæм. Чи цы зæгъинаг у ацы фарсты тыххæй, уый йæ ам зæгъæд ныртæккæ æмæ ныхасæй рахизæм хъуыддагмæ. Афтæ 1930 азы Самцъхъаройы арæзт æрцыд колхоз æмæ Ладикъо æвзæрст æрцыд правлеиийы уæнгæй. 1931 азы Раман æрцыд Дзауы зоотехникумæй æмæ кусын райдыдта сæ хъæуы колхозы. Уый фæстæ йæ хъæубæстæ æркуыртой сæ райдиан скъолайы ахуыргæнæджы бынатмæ. Райрухсады хайад сразы хъæуы куырдиатыл æмæ Раман кусын райдыдта Самцхъаройы скъолайы сæргълæууæгæй. Уый фæстæ куыста ГКП Знауыры райкомы техником секретарæй. Ладикъо нысан æрцыд колхозы бригадирæй, йæ хæс æх- хæст кодта цæсгомджынæй, йæ зонынæдтæ фылдæр кæныныл архайдта. Ладикъо уыд хъæусоветы уæнг дæр. Уый тыххæй йæ райком арвыста ахуыр кæнынмæ Цхинвалы совпартскъоламæ. * * * Илуша фæуд кодта Дзауы зоотехникум. Йæ фæдыл цыд йæ кæстæр æфсымæр Георги дæр. Уый дæр каст фæци сæхи хъæуы райдиан скъола, стæй та Знауыры авдазон скъола. Уый фæста^ ахуырмæ бацыд Дзауы зоотехникуммæ. Илуша техникум фæци каст æмæ куыста ахуыргæнæгæй Велуры. Уæдмæ Георги дæр фæци йæ ахуыр æмæ бацыд Цхинвалы ахуыргæнджыты институтмæ æмæ йæ куы фæуд кодта, уæд Жора та иттæг хорз нысæнттимæ каст фæци Знгуыры астæук- каг скъола. Фæсидт Олгъа Георгимæ: — Дæ нывоид фон, мæ хъæбул, уыцы техиикумы сымах ба- кастыстут, ныр æм мæнæ Жорайы акæн æмæ уый дæр адæмы рæгъы рацæуа. Стæй Еуа дæр кæд фæстейæ нæ баззаид. — Гыцци, æз ныр дæн Цхинвалы ахуыргæнджыты инсти- туты. Акæндзынæн æй, мæхæдæг кæм ахуыр кæнын, уырдæм æмæ йæ айсдзысты институтмæ. 571
— Æмæ уæ институт уæлдæр у, æви Дзауы техникум? — бафарста Олгъа. — Институт. * * * Стъалытæ, сыгъзæрин хуртуанау, тыбар-тыбур кæнынц. Сæ тæккæ астæу, цыхты гуымбылау, тулы фæлурс мæй, йæ рухсмæ мит æрттывтытæ калы. Хæдзары тухгаз лæсгæр. Уазæгдон бынтон афтидæй лæууы. Хæрæнуаты стъол, æвæрд. Иуырдыгæй бадынц: Олгъа, Раман, Георги æмæ Жора. Олгъайы хъæбысы бады Ладикъойы лæппу Зауыр, иннæрдыгæй рæгъ-рæгъы сты Ладикъойы æртæ чыз- джы æмæ-йæ хо Еуа. Саломе фыигыл æрывæрдта алы хæринæг- тæ. Йæ хъæбысмæ систа йæ кæстæр чызг Феиийы æмæ æрбадт чызджыты уæллаг фарс, йе ’фсины иыхмæ. Бинонтæ ныссабыр сты — бындз куы атæха сæ сæрты, уæд- дæр сæм стыр хъæлæбайау фæкæсдзæн. Сæ ныхмæ къулыл ауыгъд, Миха Севастополы хæстæй кæй æрхаста, уыцы фыдæл- тон сахат. Æвдисы æхсæвы дыууадæс сахаты. Раман сыстад æмæ сдзырдта: — Гыцци, фæцис 1939 аз. Æрбалæууыд ног, 1940 аз! — Гыцци уæ нывонд фæуæд. Ног’аз уын ног амонд æр- хæссæд! Зæронд аз^нын нæ фыдбылызтæ йемæ ахæссæд. Ацы аз мæ дзæбæхæй æрæййæфта: нæ бинонтæ, дыууæйы йедтæмæ, ам сты... Дуар бахостæуыд. Мидæмæ бахызт бæлццон, йæ палто, йæ басылыхъхъ уатыл баппæрста. Уый уыд Илуша. Алкæуыл дæр сæ атыхст. Йæ дзыппæй цыдæр лæвайраг систа æмæ йæ Сало- мейы къухы фæсагъта. Йæ иннæ дзыппæй тыхтон сласта æмæ дзы алкæмæн дæр кафеттæ айуæрста, фынгыл ’дæр дзы авæрдта. — Иог азы нæ уый бæрц амонд уæд, æмæ нæ ацы æхсæв Илуша дзаг фынгыл куыд æрбаййæфта, афтæ нæ Ладикъо дæр фыццаг майы фынгыл æнæхъæн бинонт&й хъæлдзæгæй цы ’рбаййафа. Стæй сыкъайæ чысыл ахуыпп кодта æмæ йæ Раман- мæ авæрдта... Дыккаг бон хъæу кæрæдзи хонын райдыдтой. Æртыккаг бон Олгъа дæр æрхуыдта йæ хъæубæсты. Зарды хъæр нæрыди Хуыбецты Ладикъойы хæдзарæй. ^Уалынмæ сытынг хъазт. Чи акафыдаид Илушайæ хуыздæр, чи йæ амбылдтаид. Уый ракафыд, хъæуы чызджытæй хъазты чи уыд, уыдонæй алкæимæ дæр, стæй йæ чысыл хоимæ, йæ чындзимæ. Нæ дзы ферох йæ зæронд мад Олгъа дæр. Уый, йæ лæг куы амард, уæдæй фæстæмæ никуыуал ракафыд, фæлæ дзы ныр йе’ ппæт мæстытæ дæр æрбайрох сты... -: 1940 азы Хуыбецты æртæ æфсымæры Илуша, Георги æмæ Жора ацыдысты æфсадмæ. Хæдзары ма сæ баззад Раман. 572
Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. 1942 аз. Фесты февралы хъызт бонтæ. Раман дæр ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. * * * Ничиуал дзуры хæсты хабæрттæ бинонтæн. Нали хакзйрьГ пæлгоймаг, нал цæуы хæдзармæ фыстæг. — Ныууай, Еуа, дæ нывонд фон, дæлæ районмæ, абæрæг кæн посты, чи зоны дзы исты ,хабар уа... Ацыд Еуа, газет рафыста æмæ йын. квитанци’ куы лæ- вæрдтой, уæд сæ иу фæцырд æмæ йын афтæ: «Хуыбецты Еуа ды дæ?» — О, æз! — Раманæй дæм фыстæг, ныртæккæ йæ постхæссæгæн ар- выстам. Еуа атагъд кодта сæхимæ. Уыцы хæрды иу уысм дæр ни- куы фæлæууыд, бахæццæ сæ дуармæ. Уæдмæ постхæссæг дæр æрцыд уыдон размæ æмæ йæм авæрдта фыстæг. Баскъæфта йæ Еуа хæдзармæ æмæ райдыдта кæсын. Уый фæстæ арæх фыста Раман фыстæджытæ, фарста хæдзары бинонты царды уавæр- тæй, афтæмæй алы фыстæджы дæр амыдта йæ бинонтæн, цы аразын сæ хъæуы, уый. Йæхи тыххæй та йæ фыццаг фыстæ- джы фыста мæнæ афтæ: «Зæрдæдзургæ рацыдтæн, фæлæ тæрсгæ ма кæнут, тагъд та фембæлдзыстæм. Мах стæм курсыты æмæ сæ куы фæуæм, уæд æрыздæхдзынæн нæхимæ æмæ та хорзæй фендзыстæм кæ- рæдзи. Цыппæрæм марты рацыдыстæм Тбилисæй æмæ уæм абон, æстæм марты, фыссын фыстæг фæндагæй. Нырма авд бо- ны баззайдзыстæм фæндагыл. Куыддæр æрбынæттон уæм, аф- тæ уæм арвитдзынæн мæ адрес. Мæнæн тæрсгæ ма кæнут, хорз лæппутимæ дæн». Йæ дыккаг фыстæджы та йæ хо Еуа æмæ йе ’рвадæлты чызджытæ Маня æмæ Любæмæ фыста: «Мæ зынаргъ хотæ, мæн сымахæй ис стыр ныфс, уæ куыс- ты фæрцы нæ колхозы хъуыддæгтæ хорз кæй ацæудзысты, уы- мæй; Æз бацыдтæн Сталинграды тохмæ. 3-æм сентябры дзы фæцæф дæн æмæ мæ Саратовы госпиталмæ арвыстой, стæй та Хъазахстанмæ. Ныр фæдзæбæх дæн æмæ абоп, 22 октябры, ца^- уæм Ташкентмæ... Раман». Уый уыд Раманæи йæ фæстаг фыстæ’г. * * :«: Æризæр. Куыстæй æрцыдысты адæм. Æрбахæццæ районы центрæй Олгъайы тиу Тъура æмæ раздæр сæхимæ нæ, фæлæ бамидæг Олгъатæм. Сæ къухтæ сын райста æмæ худгæ æмха- сæнты райдыдта: хæст фæци, Олгъа, хæст! Абондæргъы Знауы- 573
ры адæм сæхицæн бынат нал арынц, кæрæдзи хъæбыстæ, рахон- бахон кæнынц... Бузныг, нæ лæппу, бузныг! Кæд махмæ дæр исты амонд æркæсид... * * * Хæст фæци... Хæстонтæ здæхынц сæ хæдзæрттæм, Фæлæ... Олгъайы фондз хъæбулæй иу дæр нæ зынди... «Саубон æркæна уæ ныййарæгыл, кæд мын куыд æнамонды боны гуырд фестут, сау знаг»... йæхи мæтæй хордта Олгъа. Цæуынц бонтæ, цæуынц мæйтæ, фæфæуы аз дæр. Сам- цхъаройæ хæстмæ чи ацыд, уыдонæй бирæтæ æрыздæхтысты, чи цæфтæй, чи хорзæхтимæ. Æрлæууыд хæсты фæстæ фыццаг ногбон. Бадынц æхсаевæ- рыл Олгъа, Саломе, Еуа æмæ Ладикъойы сывæллæттæ: Райсæ, Заретæ, Зауыр æмæ Фени. Хæцы Олгъа йедзаг сыкъайыл: «Уæ, уаих æрбауай мæ царды хъысмæт, уæд та ма хæсты размæ ног- бон æрымыс. Уæд мæ фондз хъæбулæй иу йедтæмæ мæ зæрдæ никæмæ æхсайдта...» Нæй. Хæстæй нал æрыздæхтысты Олгъайы фондз фырты. Мад æрæмбырд кодта йæ хъæбулты нывтæ, саразын сæ кодта егъау, æмхуызон портреттæ, нывæрдта сæ бронзæйæсæрст фæлгæтты æмæ сæ рарæгъ кодта сæ хæдзары къаннæгдæр уаты къулыл, фæскуыст-иу бацыд, сæ разы-иу стъолы фарсмæ бан- доныл æрбадт, æмæ та-иу йæ цæссыг фемæхст... Схъомыл сты йæ лæппуйы лæппу æмæ чызджытав дæр, ^ ахуыр кæнынц Знауырчы астæуккаг скъолайы, кусынхъом фес- ты. Саломе дæр сæ хъæуы колхозы кусы дыууæ лæджы бæрц, Афтæ, æмæ хæдзары даринаг ничиуал ис, иууылдæр кусынц, иууылдæр сæ къæбæр хæссынхъом ’ сты. Саломе Олгъайы нал дæр уадзгæ кæны колхозы куыстмæ, фæлæ кæм лæууы Олгъа йæ- хæдæг? — уый зоны, йæ сæр хæдзары тынгдæр хъæуы, фæлæ • уæд схизы йæ уатмæ, йæ хъæбулы нывтæм æмæ... Иурæстæджы Тъурайæн афтæ зæгъы:—«Уыцы ус тæри- гъæд у, йæхи йедтæмæ ма мæнæн дæр мæ цæссыгтæ фæкалын кæны. Афтæ куы дзурынц, хæстæй чи нал рыздæхт, уыдон би- нонтæн, дам, Ленинградæй хъусын кæнынц. Дæхи лæппуйы тых- хæй æмæ уæртæ не ’фсины лæппуты тыххæй дæр уырдæм куы арвитис, цы фесты, куы никуыуал зынынц, зæгъгæ. Чи зоны уын, цы дзуапп æрырвитой». Тъура фыстæджытæ арвыста Ленинградмæ. Фæкаст æн- хъæлмæ, фæлæ ницы! ...Баззад, Олгъа йæ хъæбултæн чындзæхсæвтæ кæнынмæ кæм хъавыд, уыцы уат афтидæй. Æрмæст ма дзы фондз æфсы- мæры хуызисты куыдхистæрæй, рæгъ-рæгъы къулыл кондйёй ’, лæууынц.
Тъехты Амыран ХЪÆБАТЫР САЛДАТ |алдзæг. Хур йæ зынг цæстæй зæхмæ ныккаст æмæ хæххон цæгат хъæутыл дæр йæ хъарм тынтæ анывæзта. Ноя- бры мæйæ суанг апрелы мæймæ Дзауы районы Мыртгæджыны хъæумæ хур нал бакæсы, фæлæ та ныр митдон адгуытæм згъо- рйн байдыдта. Уынгтæ фæсур сты. Бæлæсты сыфтæр райхæлд. Зæронд ус Хуыгаты Лизо бады хæдзары æмæ йæ цæсты- сыг згъалы, йæ астæуккаг лæппу Владимиры акодтой фронт- мæ знаджы ныхмæ тохмæ. Ныр та Дзауы æфсæддон къамисариатæй æрбацыд иу лæг. Лизомæ гæххæтт радта æмæ йæ бафарста: — Кæм ис дæ фырт? Зæронд ус йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта æмæ тарстхуы- зæй бакаст, гæххæтт æм чи радта, уымæ. — Æмæ. Рутен цы кодта? Исты... — Рутен ницы кодта, фæлæ райсом æфсæддон къамиса- риатмæ æрцæуæд. — Райсом скъоламæ ацыд æмæ куы æрбацæуа, уæд ын зæгъдзынæн, — загъта зæронд ус, йæ цæсты сыгтæ згъалгæ. — Æмæ кæм ахуыр кæны? 575
— Кировы астæуккаг скъолайы дæсæм къласы. Нырма йын хæстмæ акæныны афон нæу æмæ... — Мæ мады хай, уымæй мæн ничи фæрсы, куы ’рцæуа, уæд ын уым зæгъдзысты, — загъта йын уыцы лæг æмæ ацыд æндæр хъæумæ. Чысыл фæстæдæр Рутен дæр скъолайæ æрбацыд, йæ хызын стъолыл æрывæрдта æмæ йæ мадæн афтæ зæгъы: — Нана, хæст, дам, цырынæй-цырындæр кæны, немыцæг- тæ размæ бырсынц. Зæронд ус та йæ цæсты сыгтæ *æрызгъæлдта, уыцы гæх- хæтты гæбаз æм балæвæрдта æмæ, арф ныуулæфгæйæ. сдзырдта: — Мæнæ дæумæ дæр сидынц, мæ хъæбул, æмæ ды нырма чысыл дæ, мыййаг дæ куы акæной. Рутен йæ мидбылты бахудти æмæйæ мадæн афтæ зæгъы: — Цæмæн дæн чысыл, нана, ныр мыл дыууын азы куы цæуы. Æз райсом мæхæдæг цæуинаг уыдтæн, куырдиат хъуа- мæ балæвæрдтаин, цæмæй мæ бархийæ акодтаиккой. Ирон лæг фæстæ никуы фæлæууы, алы зындзинæдты дæр бафæраз- дзынæн. Уый уыд 1942 азы 12 апрелы. Рутен рараст сæрыстырæй Мыртгæджыньг хъæуæй. Рæсугъд хæххон æрдзыл йæ цæст^' ахаста, нæ урссæр хæхтæм скаст æмæ € йæхимидæг сдзырдта. «Мæ ныййарæг мад æмæ мæ уарзон хæхтæ, æз цæуыи æмæ уæм æрыздæхдзынæн сæрæгасæй, кæд уыл искуы гадз- рахатæй рацæуон, фæстаг туджы ’ртахы онг нæ тох кæнон, уæд-иу мын мауал бантысæд ардæм æрыздæхын». Уыцы бон Рутены æндæр хæстонтимæ арвыстой Ленина- канмæ 307 æхсæг полкмæ. 76-миллиметрон сармадзанты бата- реймæ. Полк йæ хæстон" фæндаг райдыдта Санчары ’фцджы- тæй. Ацы ’фцæгыл немыцæгты ныхмæ цыдис карз тохтæ. Уы- цы аз Марухы ’фцæгыл немыцæгтæ хъавыдысты Сау денджы- зы былтæм баирвæзынмæ æмæ уым сæхи æрфидар кæнынмæ, фæлæ сын не ’фсæдтæ лæвæрдтой стыр ныхкъуырд. Марухы æфцæгыл тохты Рутен скуынæг кодта дыууæ салдаты æмæ иу афицеры. 1943 азы 1-æм январы Рутен цы полчы уыдис, уый хæс- тонтæ æрхæццæ сты Ставрополы .краймæ. Райдыдта та карз тох знаджы ныхмæ. Немыцæгтæ нæ уыдыстьг уыцы уазал рæстæджы Советон Æфсадæн æфцæджы сæрты рахизыны æн- хъæл. Æмæ сæ иуахæмы æнæнхъæлæджы фæцæф кодтой æмæ сæ фæстæмæ аппæрстой. Полчы батарейтæй сæ иуы командир, хистæр лейтенант Хвостов бацыд наводчик Хуыгаты Рутенмæ æмæ йын афтæ зæгъы: (' —Æхс комкоммæ уæртæ уыцы мæнгагъуыстмæ, уым сты знаджы хæстон æрмæджытæ. — Командиры бардзырд æх- 576
хæсткæнгæйæ, Рутен æхсын райдыдта. Сарап пиллон скалд- та. Цыдæриддæр дзы хæстон æрмæджытæ уыд, уыдон иу- уылдæр басыгъдысты. Рутенæп йæ командир Хвостов бузныг- дзинад’ расидт. Уыцы изæр æрсабыр хæст. Дыккаг райсом та немыцæгтæ райдыдтой размæ бырсын. Фыццаг взводы командир, заман- хъуйлаг бæзæрхыг, саулагъз лæппу, кæстæр лейтенант цæгат- прыстойнаг Цорæйты Миша Рутеныл иронау фæхъæр кодта: — Æйтт, Рутен! Харебаты Исахъы загъдау, «кæнæ мæ- лæт, кæнæ сæрибар!» Æхсгæ шрапнелæй. Рутены сармадза- ны нæмгуытæ знагыл ихуарæгау згъæлдысты. 3-аг взвод дæр Рутениты взводы фæдыл размæ абырста æмæ знаг фæстæмæ лидзын райдыдта. Фæстæдæр та сцырын карз тох. Рутены сар- мадзан цы зæнггонды фæстæ æмбæхст уыд, уырдæм немыцæг- тæ æхсыи райдыдтой. — Æхста сæ уый дæр. Рутенæн минæйы схъисæй йæ галиу цонг фæцæф, йæ туг калд’и. Йæ хæдон фел- вæста, йæ цонг дзы атыхта æмæ та æхсын райдыдта. Куынæг кодта знаджы удæгас тых æмæ техникæ. Чи фæнымайдзæн, уыцы удуæлдай тохты цал немыцаг фашисты барвыста мæрд- тæм. Цал дзы фæцнс мæлæтдзаг цæфтæ? Фæсабыр та хæст. Рутены уæлхъус æрбалæууыд йе ’мбал, сармадзганæйæхсæг гуырдзиаг лæппу Джибладзе Гиви. Рутены фæлурсæй куы ауыдта, уæд æй афарста: — Цы кодтай, Рутен, фæцæф дæ? Рутен бакаст йæ хæлармæ æмæ йын загъта: — Фæцæф дæн, мæ цонгæй мыи стыр чъылбыз минæйы схъис атыдта, фæлæ мын ницы уыдзæн. — Мæ бар сæ уадз, Рутен, æз дæр кавказаг лæппу дæн,— загъта Гиви æмæ Рутены санчастмæ бакодта. Уырдыгæй йæ аластой госпиталмæ. Мæйы фæстæ сдзæбæх. Куыд артиллерийы специалист, афтæ æрвыст æрцыдис Новороссийскмæ. ^ 1944 азы марты полк æрвыст æрцыд Белоруссы фронтмæ. Уым дæр та знаджы ныхмæ карз тохы йæхи равдыста хъæба- тыр хæстонæй. Иуахæмы Рутенмæ батальоны командир Королов бацыд æмæ йæ бафарста: — Кавказаг дæ? — О, кавказаг, — дзуапп ын радта Рутен. — Цы нацийæ дæ? — Ирон. — Дæ мыггаг та куыд у? — Хуыгатæй. — Турчы хæсты мемæ, уыд иу лæг Хуыгатæй, йæ ном Вис- сарион хуынди, тынг хъæлдзæг æмæ хæларзæрдæ, хæцынмæ — диссаг, мæлæтæй никуы тарст. 37- 577
Рутен джихæй аззад, стæй йæ командирмæ бакаст æмæ йын ныфсджынæй загъта: — Уый мæ фыды ’фсы’мæр уыд. Турчы хæстæй цæфæи æрыздæхт æмæ-иу мын хæсты хабæрттæ арæх дзырдта, ныр- ма дæр гас у. Кæд ма удæгаоæй ньюдæхон, уæд ын радзур: дзынæн дæ ныхæстæ. — Ирон адæм, куыд уынын, афтæмæй хъæбатыр адаем сты кæмдæриддæр. Æз дзы ам дæр бирæты федтон. Æвиппайды та ныннæрыдысты сармадзантæ, æрбайхъуыст командиры бардзырд: — Размæ Витебск сисыны сæрыл тохмæ. Цæуынц та туг- калæн тохтæ. Рутениты полк дæр лæгæрды размæ. Немыц ныууагътой Витебск, Оршæ, Могилев, ахызтысты Литвæйы зæхмæ. Ацы полк йæ ных сарæзта Скæсæн Пруссимæ æмæ æппæты фыццаг ахызтысты знаджы зæхмæ 5-æм армийы хæо-- тонтæ, семæ уыдис Рутен дæр. Хуыгайы фырт ацы тохты рав- дыста хъæбатырдзинад, хорзæхджын æрцыд майданæй. Иуахæмы Скæсæн Пруссийы зæххыл Хуыгайы фыртæп бахæс кодтой, цæмæй дыууæ æмбалимæ ацыдаид разведкæ- йы, сбæрæг кодтаиккой, немыцæгты штаб кæм ис, уый. Ацы- дысты сæ хæстон балцы æртæ хæстоны. Бахæццæ сты телын æмбондмæ. Алыг æй кодтой æмæ сæ гуыбыны цъарыл бырын райдыдтой. Немыцæгтæ сæ фæфип- пайдтой æмæ сæ æхсын райдыдтой. Йæ дыууæ ’мбалы Сивен- ков æмæ Тимниченко мард фесты. Рутен фæстæмæ рабырыд йæ гуыбыны цъарыл æмæ ададжы ’рдæм йæхи-айста. Иу ран æрбадт æмæ йæхимидæг сагъæстæ кæнын райдыдта: — Ныр куы ныццæуон не ’фсæддон хаймæ, уæд цы зæгъ- дзынæн мæ командирæн. Нæ, афтæмæй мын ацæуæн нæй, истыхъуамæ саразон. Æхст æрсабыр. Кæсы фæйнæрдæм æмæ штабæй бирæ фалдæр иу хæдзармæ араст. Бахæццæ йæм, бæласы бын æрлæууыд æмæ фæйнæрдæм айхъуыста. Кæсьг æмæ немыцаг хъахъхъæнæг æд автомат дыууæрдæм рацу-ба- цу кæны хæдзары алыварс. Рутен ахъуыды кодта, хæдзары чи æмæ цы уыдзæн, ууыл. Куыддæр хъахъхъæнæг фæстæмæ фæзьмдис, афтæ йæ Рутен кардæй фæцæф кодта æмæ митыл адæргъ ис, хъып-сыпп нал сфæрæзта. Рутен ын й,æ автомат систа, бацыд хæдзармæ, ми- дæмæ байхъуыста, дуары зыхъхъырæй бакаст. Дыууæ немы- цаджы дыууæ чызджы фарсмæ бадынц æмæ сæ хынджылæг кæнынц. Сæ- разы стъолыл уыд арахъхъы авг æмæ хæрипæг- тæ. Рутенæн йæ маст рафыхт, автомат ифтыгъдæй йæ къухы, афтæмæй дуар фегом кодта æмæ хъæрæй сдзырдта: 1 — Уæ къуьхтыл хæрдм.æ схæцут! ’ — Немыцаг афицертæ сæ фæрстæм февнæлдтой, фæлæ сын байрæджы. Чызджытæ уый куы базьгдтой, советон æф- 578
сæддон у, уæд иемыцæгты хотыхтæм февнæлдтой æмæ сæ иуварс æрывæрдтой. Фæсдуар чызджыты мад ныллæг бандо- ныл бадгæйæ фæгæпп кодта, йæ цæстьг сыгтæ асæрфта æмæ сдзырдта: — Æгъгъæд уын у мæ чызджытæй хынджылæг кæнын, цъаммæрттæ! — Цæугæ ут мæ разæй! — тызмæгæй сдзырдта Рутсп. Немыцаг афицертæ сæ къухтыл схæцыдысты æмæ сæ Ру- тен штабмæ йæ разæй ракодта. Ацы хъæбатырдзинады тых- хæй хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Хуыгаты Рутен цы полчы уыд, уый Берлинмæ куы ба- хæццæ, уæд хæст’фæцис. Знаг йæхи радта, фæлæ 5-æм арми- йы хæстонтимæ иумæ хæсты фæстæ араст Дард Хурыскæсæ- ны ’рдæм æмæ тох кодтой Японы империалистты ныхмæ. Ам дæр та Рутен йæхи равдыста хъæбаты’р хæстонæй. Схорзæх- джын æй кодтой майдантæй, лæвæрд ын æрцбтд старшинæйы ном. ’ 1945 азы 23 сентябрæй 1946 азы маймæ Рутен уыдис Манчжурийы зæххыл. Уый фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ, Мыртгæджыны хъæумæ. Кусын райдыдта Къуай- сайы астазон скъолайы ахуыргæнæгæй. Куыста Часавалы хъæусоветы сæрдарæй дæр. Ныртæккæ та намысджын куысг кæны Цхинвалы фыццаг агуыриаразæн заводы. Иæ цæфты иуæстæ абон дæр бæрæг дарынц. *
Нартыхты Григол ТЕРЧЫ БЫЛÆЙ ДУНАЙМÆ [’асавайлаг у, цæугæдон Джоджорайы былыл рай- гуырд. Уктябры революциимæ æмкарæнтæ сты. Чысылæй дæр, хæххон хъал æхсæрдзæиау, тæлтæг уыд, тæрсын нæ зыдта æмæ нæ риуы æмбæрц цыд. Сæгъ кæдæм иæ уæндыд, уыцы къæдзæхтыл уыд йæ хæтæп мæнæргъы, къабу- зæг, æрыскъæфты фæдыл. — Хуыгаты Раздены йæ фырт кæнæ бынтон сцæрæг кæн- дзæнис, гъе, та йæ сæфтмæ æрыппардзæнис, — арæх-иу дзырд- той сыхæгтæ. Хатт ма-иу æм уый дæр бафтыдтой, зæгъгæ, Та- диозыл хуыцауы рынæй куы ницы æрцæуа, уæддæр йæхицæн исты сфыдбылыз кæндзнæис. Йæ «хæдзарон» ном Тадиоз у Раздены фыртæн. Æцæг æм афтæ бадзурынц æгас комбæсты дæр. Иæ документты та \гæ хонынц Ивап. Мах дæр æй уыцы номæй зондзыстæм. Нырма дæр ын йæ галиу.миты худгæбылæй æрымысынц часавайлæгтæ. Тæргæ бæхы рагъыл сæ Иваны йедтæмæ ад ^фæлæууыдаид зыгъуыммæ бадгæйæ. Цъиуы ахстонмæ ныккæ- сыны тыххæй сисыл æндæр чи сбырыдаид. Фæлæ хъæлдзæг о80
æмæ иыфсхаст лæппу фыдбылызæи гуырд иæ уыд. Фыдбылыз .æм æндæрæрдыгæй каст сусæг æмбæхсæнæй. Уый æнхъæл та кæцæй уыдысты къуыдаргоймæгтæ. Уыцы фæсфæд комы бирæ уыдис -æвзистгъуыз уæззау дурта\ Уалын- мæ йæм инженертæ арæхдæр цæуын райдыдтой. Арфæ кодтой бынæттон цæрджытæн, уæ хæхтæ хæзна разьшдысты. Уæ амопд æрзылдис. Къуыдаргоммæ сырæздзæнис асфальт фæидæгтæ, фæзындзæиис уæм электроны цырæгътæ... Цард уæм йæхи къахæй æрбацæуы,- зæгъгæ. Уæдæ куыднæ цин кодтаиккой хæххон адæм. Фæлæ амонд- джын цард æрцæуынмæ æрттæдæлармæй пæ кастысты. Æвзонг Иван дæр кусынмæ бацыдис Къуыдаргомы хæххон сгарæг пар- тимæ. Бирæ рухс фæндтæ уыд Иваны зæрдæйы. Цыпæгъуызæт- тæй-иу ауад йæ цæстытыл рæсугъд, фæлæ æвадат ком. Улæфты боиты дæр иунæгæй хылдис къæдзæхтыл. Æрттиваг уæззау дурты къæрттытæ-иу æрхаста мадаиагурджытæм. ^ Къуыдаргоммæ дæр байхъуыстис æвирхъау цау: немыцаг фашисттæ мæнгардæй бабырстой советон зæхмæ. Фыццаг фæдисонтимæ ацæуыны бар нæ радтой Хуыгайы фыртæн, фронты хъæуы зды æмæ дзы цас фылдæр скъахæм, уыйбæрц тагъддæр æрзоныгуыл кæндзæнис фыдгул, зæгъга;.' 1941 азы декабры Иван йæхи фæнд акодта. Фыццаг ба- хауд г. Буйнакскмæ (Дагъестаны АССР). Уым лæууыд гуыр- дзиаг æхсæг полк. Æхсæз мæйы дæргъы сæ ахуыр кодтой хæс- ты дæсныйадыл. Уый фæстæ полк цалдæр ранмæ аивта йæ бы- нат æмæ фæстагмæ йæхи æрфидар кодта Терчы былыл, тыз- мæг хохы дæллагхъуыр лæппу фыццаг хатт Терчы былыл бав- зæрста, хæст цы у, уый. Уый уыдис 1942 азы ноябры фыццаг æмбисы. Махуæттæ тыхджып цæфтæ фæкодтой знаджы æма^ йæ аппæрстой фæс- тæ^мæ. Уый фæстæ ссæрибарис Ищерская. Мæздæгмæ бахизæны та’знаг йæ къæхтæ ныццавта. Фашисттæн ма хъуамæ фæуыда- ид сæ позицитæ æрфидар кæныны фадат æмæ сæ махуæттæ дæр ахъаззаг æлхъывтой. Уыцы зыи тохты, фашнстты сармадзапы пæмыджы схъисæй Хуыгайы фырты къухты дыууæ дихы фæ- цис автомат. Ныппырх сты галиу фарсы æртæ фæрсчы. Ныкъ- къуыхтæ ис галиу къух дæр. Уый уыд 1942 азы 7 декабры. Зын æмæ даргъ цыппар мæйы арвыста Хуыгайы фырт г. Хасавюрты госпиталы. Йæ хъæдгæмттæ куы байгас сты, уæд бахаудта II Гвардион сыбираг штурмгæнæг дивизимæ ззводы командиры хæдивæгæй. Уыцы дивизийы службæ кæныиы тых- хæй Хуыгайы фырт Къуыдаргоммæ фыста: «Ныр мын тас ни- цæмæйуал у. Æз баиу дæн мæхи хуызæтты æфсæддон хапмæ æмæ мын сар йæ къона кæны Гитлерæн»... Æцæгдæр штурмгæнæг дивизпйæн йæ ном йæ уæлæ уыд. Штурмгæнджытæ фæцæйхæццæ кодтой станицæ Крымска- 561
ямæ. 1943 азы 7 майы, иу карз тохы рæстæджы Иваиæп уы- дисныйы дæргъæн гом фæцис йæ галиу агъд. Цыппар мæй æмæ æрдæджы бæрц та фæхуыссыдис Ессен- тукийы госпиталы. Иван æй развæлгъау зыдта, ацы хатт дæр тмæлæт йæ иувæрсты кæй ауад. Уырныдта йæ, къуылых нæ фæуыдаид. Фæлæ йæ фæцæфы фыццаг бонæй фæстæмæ тарс- тпс, йæ дивизийæ куы фæиппæрд уыдаид, уымæй. Хъуыддаг та рауадис ноджы хъыгагдæр. Иван кæм фæ- цæф, уыцы бынатæй дарддæр знаджы фæстæмæ æппарын нал æмæ нал æнтыстис. Фæстæдæр куыд рабæрæг ис, афтæмæй уым фашисттæ æрæмбырд кодтой стыр тыхтæ. — Нæ дивизи мæнмæ æнхъæлмæ кæсы. Куыддæр та фрон- ты хаххыл мæ къах аныдзæва, афтæ мын кæсдзыстут фрицты диссæгтæм. — Æдзух хъæлдзæг Иван-иу хъазгæйæ дзырдта госпиталы палатæйы хосгæнæг æфсæддонæн. Ногæй та хæцæнгарз райста Хуыгайы фырт. Йæ «къах фæхорзис» номдзыд днвизийæн. 1943 азы ноябры ма Таманы æрдæгсакъадахыл фашистты тыхтæй баззадис æрмæстдæр пырхæнтæ. Уыцы стыр уæлахиздзинады цытæн та дивизийы номмæ бафтыд «Тамайиаг» дæр. Ныр та уыд Керчь ссæрибар кæпыны рад. II Гвардиои æмæ 32, 52-æм дивпзиты дыууæ къуырийы бæрц цæттæ код- тон тыхджын денджызон десант аргъæвынмæ. 24 ноябры рай- сомы 7 сахатыл десант рахызт Керчмæ. Уыцы бон баиу сты Керчы зæххыл архайæг тыхджын партизанон тыхтимæ. — Терчы былæй хæцгæ фæцыдтæн. Уал уæззау цæфимæ зындзииæдтæ дæр куыднæ бавзæрстон, фæлæ денджызон де- сантæй Керчмæ бахизыны тохты хуызæн зындон никуы бав- зæрстон, — фæдзуры Хуыгайы фырт. Уыцы зын тохты йæ хъæбатырдзинадæй цæстæвæрæн фæ- цис часавайлаг лæппу дæр. Сгуыхт хæстоны дæлхайы райдиап партион организаци райста Коммуиистон партийы рæнхъытæм каидидатæй. 1943 азы 16 декабры фашисттимæ фæхъуырæй-хъуырмæ- йы рæстæджы та Иван бахауд ног бæллæхы: автоматы нæм- гуытæ йын æртæ гомы фæкодтой йæ рахис агъды фæлмæнтæ. Уыцы рæстæджы Хуыгайы фырт командæ кодта взводыл. Дыууæ салдаты сæ командиры бааууон кодтой бомбæйæ къахт уæрмы. Сæ иу ын æрæсгæрстытæ кодта йæ цæфтæ. Бæтгæ-бæт- тын ыи, йæхиау, разæнгардгæнæн хъæлæсæй загъта: — Дæ къахæн тæрсгæ ма кæн. Стæг нæ фæхъыгдард ис. Рæхджы та нумæ дæрæн кæндзыстæм ацы цъаммæртты. — Æмæ куы нæ тæрсын. Мæ сæрмæ мын ма ныхъхъавæд, уый педтæмæ къæхтæ æд цырыхъхъытæ сæ хъуыры дæр аир- вæзæнт, — йæхи тыххъæлдзæггæнгæйæ, дзуапп радта ко- ’мандир. Йæхи куыд фидар кодта, цæфтæ афтæ рог дæр нæ разын- 582
дысты. Фондз мæйы бæрц æй бастæй -фæдардтой сынтæгмæ г. Кисловодскы госпиталы. ’ Уырдыгæй рацæуыны фæстæ Иван уайтагъд нал сæмбæл- дис йæ дивизийыл. Кæстæр командон скондмæ йæ арвыстой Мæскуыйы цурмæ 16-æм дардмæархайæг уæлдæфон десантты бригадæмæ. «Немыцæгтæн аккаг уыдтæн сур зæкхæй. Ницьг мæ фæпай- да кодтой, денджызы ’рдыгæй сæ ’куы æлхъывтам, уæд дæр. Ныр та сæм уæлдæфæй хъуамæ æрывналон, цæмæй дзы фыл- дæры удтæ арвитон уæларвмæ». — Фыста йæ хæдзармæ Иван, хæдтæхæгæй зæхмæ парашютыл æвдæм хатт йæхи куы æруагъ- та^уый фæстæ. Ч-Æмæ йæ райдыдта рахæсс-бахæсс кæнын йæ хъысмæт. Ахæццæис Румынмæ, Венгримæ. Балæууыдис Австрийы арæн- тыл дæр. Хохаг лæппу та Австрийы зæххыл дæр йæ цæстыдзаг федта немыцаг фашисттæн. • 1945 азы апрель. Знаджы æрзоныгуыл кæнынмæ бирæ нал лъуыдис. Фæлæ ныхмæлæууæг иырма уыдис тыхджын. Се "’намонддзинад базонгæйæ, фашисттæ пицæуылуал ауæрстой.- Æххормаг бирæгъты цæстæй акастысты сæ кæрæдзимæ дæр. Балатоны цады былыл иу цæрæи пункт ссæрибар кæныны рæстæджы Хуыгайы фырты взводæн бахæс кодтой, цæмæн лæмбынæг басгæрстаид алфæмблай. Дыууæ æфсæддонимæ ба- члæууыд къуылдымыл, зæрватыччы ахстонау, ныхæст агъуысты пур. Иу хатæны спирт иуазгæ баййæфтой знаджы æртæ афице- ры. Уайтагъд сып сæ хотыхтæ æристой. Уалынмæ сйе хъустыл ауад хъæрзын. Фæрсаг дуар фегом кодтой. Пъолыл лæзæрыд цæф фашистон афицер. Йæ быны сбадт туджы цад. — Æддæмæ йæ рахæссут! — спиртнуазджытæн бардзырд радта Иван æмæ сæм медиципон пакет баппæрста, иыртæккæ йын йæ цæф куыд бабæттат, зæгъгæ. Иемыцаг афицертæ æнæбары базмæлыдысты. "’ Уыцы рæстæджы рæбинаг дуары ’рдыгæй райхъуыст тых- джын гуым-гуым. Автоматты дзыхтæ уыцырдæм фæзылдысты. Уæдмæ дуар фæзыхъхъырис æмæ дзы разынд урс хæцъил. — Мах хæцæг адæм не стæм. Фашисттæ иæ фæтæрсыи кодтой, сырхытæ, дам, удæгас никæй уадзынц æмæ... Сьтмах та цæф знагыл йæхи æмбæлттæй тынгдæр аудут... — цъæр- -рæмыхст уырыссаг дзырдтæй загъта сæ иу. — Чи æмæ цы стут, уый æндæр ран бæрæг кæндзысты, — дзуапп сыи радта взводы командир. Цæф афицеры сæккой кодта, спирт чи нуæзта, уыдонæн æмæ сæ йæ разæй ракодта. Æцæгдæр, гвардион хæйтты ие ’вдæлдис фарста кæныимæ. Уыдонæн сæ хæс уыд знаджы дæрæн кæнын. ...Æмæ та.мæнæ размæ бырсынц Австрийы зæххьтл. Фрон- ты раззаг хахх фæхæццæ кæньт цæугæдон Дунайы бьтлтæм. Æмбисæхсæвæй ахьтзт. Раззаг хахх у æгуыппæг. Уалыпмæ раз- 583
вæдсгарджытæ фæхабар кодтой, знаг лидзынмæ фæцис, зæгъ- гæ. Уый уыдис 1945 азы 23 апрелы. Куы æрбабонис, уæд та дардæй хъуыстис знаджы сарма- дзанты гæрæхтæ. Райсомы иуæндæс сахат æххæст кодта. Хуьь гайы фырт æмæ æртæ салдаты сæхи бааууон кодтой акъоппы.. Иван хызынæй систа бонæг æмæ... Уыцы уысмы йæ тæккæ фарсмæ аскъуыд дардмæхсæг сар- мадзаны нæмыг. Алфæмблай сæмтъеры ис. Куы æрчъицыдта, уæд уыд быдырон госпиталы. Йæ уæнгтæй фезмæлын ницы куымдта. Иууылдæр уыдис бинттæй тыхтытæ. Зып минуттæ, резинæйау, ивæзтысты. Йæ рыстытæ чысыл куы æрныллæг сты, уæд æрфарста йæ бонæг, йæ документты. — Дæ фындзы хъæлы йедтæмæ дæ æнæхъæн ницыуал баз- зад. Пысулæн раласæн нал уыд. Лыгтæ сæ акодтой. Быдырон хызыпæй дæр бызгъуырты йедтæмæ ницыуал баззад... — раха- Оар ын кодта медицинон хо. Чысыл фэестæдæр Иван базыдта ноджы æвирхъаудæр ха- бар: рахиз къах дæр, фадхъулы сæрты, баззадис хæсты бы- дыры. Хуыгайы фыртæн хæст фæцис фронты. Фæлæ ноджы зын- дæр бонтæ дарддæр кодтой сынтæгыл. Горæт Днепропетровскы йыл дыккаг операци кæнын бахъуыд. 1945 азы сентябры йæ æркодтой йæ райгуырæн хæхтæм. Хъæдгом та ногæй раргом. Цхинвалы госпиталь. гГангренæ. Æртыккагопераци Къæбысты Падойы къухæй. Цыппæрæм хатт операцион стъолыл æрхуыс- сыд Тбилисы. Хирурджы кард схæццæис суанг уæраджы кæх- цы бынмæ. Буары иннæ хъæдгæмттæ раджы байгас сты. Байгасис фæскъæбуты цæф. Фæлæ абон дæр сармадзаны нæмыджы схъис уазал дары стæджьг мидæг. Нал, нал разындис хъæбатыр хæстон Хуыгаты Тадцозы фропты бонæг. Австрийы сыджыт ын бахордта, йемæ чи уыд, .уыцы документты дæр. Цалынмæ йæ къахыл лæууыд, цалыпмæ йæ бон уыд, уæд- мæ йæ тых, йæ хъару æмæ æнæпиздзипад никуы бахæлæг код- та Райгуырæн бæстæйæн, фыдгулыл фæуæлахизы хъуыддагæн. Бопæг æмæ документтæ фесæфтысты, фæлæ фараст азы дæргъы агурыпы фæстæ ссардтой хъæбатыр хæстопы стыр хи- цауадон хорзæхтæ: Фыдыбæстæйон Хæсты 1 къæпхæны, Кады III къæпхæны ордентæ æмæ цалдæр майданы. Уыдон сæхæдæг уæнгты тугæй фыст боиæгтæ сты, сæхæдæг дзурынц Хуыгайы фырты хæстон хъæбатырдзинæдтыл. Æниу Иван ордентæ райсыиы тыххæй куы нæ тох кодта фронты. Р1æ райгуырæн бæстæ цагъарады æфсондзæй ба- хъахъхъæныны фæдисы уыд йæ æмбæстагон хæс æххæст кæ- ньи^мæ æмæ цас йæ фадат уыд, уыйбæрц балæггад кæныи йæ цæст уарзта.
Джыгкайты Федыр ФОЬЩЗ ÆФСЫМÆРЫ ЦЫРТ- Дзамболат ъæдгæроимæ фæзилæны фæндаггæронæй дардмæ зыны бæрзонд цырт. Йæ алфæмблан — аив решеткæ фондз ставд цæджындзыл. Уыдонæй алкæуыл дæр фæйлауы сау тæлм сырх тырыса. Кæй цырт у уый? Кæй номыл у? Мæиæ фæидаггæттæ баурæдтон сæ машннæтæ. Æрхызтьз- сты- зæхмæ. Сабыргай бацыдысты цырты раз.мæ. Систой сæ худтæ, æруагътой сæ сæртææмæ æдзынæгæп кæсынц цыртма\ «Ацы цырт æвæрд у, Фыдыбæстæйы хæсты фронты -чи фæмард, уыдонæн» — Хъалæгаты Тæтæрийы фондз фыртæн. Дзамболат — 1913 азьг гуырд,< Мæцыхъо — 1917 азы гуырд, Хъазантемыр — 1919 азы гуырд, Тæтæрхъан — 1921 азы гуырд, Мысост — 1924 азы гуырд». ^. Фондз æфсымæрæн хæсты быдыры æдзардæй ахуыссыд сæ зынг. Фондз сахъ гуырды сæ туг ньжкалдтой адæмы, Рай- гуырæн бæстæйы сдзраппонд. Фондз фырты нал сыздæхтысты сæ рангуырæн хъæу Хъæдгæронмæ. Нал ахъæбыс кодтой, сæ уындмæ йæ былы цъæрттæ чи хордта, уыцы ныййарæг мады. 585
\ Мæцыхъо Мысост Нал Ьш асæрфтой йæ цæстысыгтæ сæ дæрзæг салдатаг къух- тæй. Дзамболат нал федта, æхсæзмæйдзыдæй цы чысыл Азæ- йы ныу^гъта, фæлæ ныр чындздзон чызг чи ссис, уый. Иæ кæстæр цыппар æфсымæры нал сæмбæлдысты сæ уарзон чыз- джытыл, и,ал абадтысты семæ мæйрухс æхсæвты бæрзонд бæ- лзрсты бын\ Мад, нь^ййарæг мад фæцис фыдæнхъæл — цыппар чын- дзæхсæвы б)>?сты йæ фырттæн сарæзта иу цырт. Чи зоны, Ирыстонæй Берлинмæ фæндагыл лæппуты цард кæм ахуыс- сыд, кæм ныгæД^ сты, кæй мад, кæй чызджытæ зилынц дидин- джытæй сæ ингсгнтæм, кæй зæхх барæвдыдта æфсымæрты, кæн зæхх ссис æдустæм сæ фæстаг фысым? Уый нæ зоны сæ мад. \ Бирæ фæхъазы^ысты сæ сабийы бонты Хъæдгæроны зæх* хыл, бирæ фæкуысто(| колхозон быдырты хъаруджын æфсы- мæртæ, æмæ мад сфæнд кодта уыцы зæххыл йæ фырттæн иу ингæн саразын. Арæх æрбацæуы зæронд Хангуассæ йæ хъæбулты цырт- мæ, арæх фæкалы судзг^ цæссыгтæ йæ зынгхуыст фырттыл. Зын бауромæн у ныййар^г мадæн пæ цоты зиан: æнгуылдз куы ал&г вæййы, уæд ма укй дæр куы фæриссы! Фæлæ хъæд- гæройна>гта> сæрыстыр сты \ Хаигуассæ æмæ йæ фырттæп. Хангуассæйы нпкуы ничи фёдта адæмы æхсæн æнкъардæй. 586
Хъазантемыр Тæтæрхъан Уарзынц æй сæхи мадау, кæнынц ын кад, дæттынц ыи æгъ- дау. Уый уынгты куы рацæйцæуы, уæд урсзачъе зæрæдтæ сыстынц сæ бынæттæй, радтынц ын фæндаг, скъоладзау сы- вæллæттæ фæуромынц сæ хъазт, сæ худын. Фондз æфсымæры æгаддзинад пе ’рхастой сæ хъæубæ- стæм, хъазуатон тохы æрæвæрдтой сæ сæртæ æмæ сын, гъе, уын тыххæй кæнынц кад æмæ намыс сæ нубæстои адæм, уы- мæн куыдтой уыдоньг цырты уæлхъус. Уымæн снсынц сæ худтæ æфсымæрты цырты цур фæндаггæттæ цæугæйæ. Хангуассæйы хистæр чызг Оляйьг хæдзар. Уым цæры Хангуассæ дæр. Хуымæтæджы зæронд сылгонмаг. Миты хуы- зæн урс-урсид дадалитæ сты арæхстджын фаст. 85 азæй фыл- дæр цæуы Хангуассæйыл. Æртæ тугкалæн хæсты бавзæрста Хангуассæ. Æртæ хат- ты федта адæмы зындзинад. Фæлæ нырма фидар у нæ цæс- тæнгас, йæ зонд. Хангуассæ стъолыл æрæвæрдта фондз хуы- зисты. Æдзынæг сæм нымдзаст. Мæнæ райс/га хистæр лæппу Дзамболаты хуызист. Иæ цæсгомыл ыи хъавгæ æрхаста йæ уырзтæ. Къух базыр-зыр кодта. Ставд цæстысыг æртылд рустыл æмæ æрхауд хуызистыл... 1941 аз. Р.айгуырæн бæстæйы сæрмæ æрбадтысты сау мигътæ. Дзамболат æрбадт авдæны цур æмæ æнкъардæн каст не ’хсæзмæйдзыдчызг Азæмæ. Уынгæй æрбанхъуыстфæси- вæды зарæг: «Цом æмæ фæцæуæм Райгуырæн бæстæ хъахъ- 587
хъæнынмæ, цом фæсивæд, гъеп», — ныццæлхъ ласта чидæр цъæхснаг хъæлæсæй. — Мæнæн афон у, æна, — загъта Дзамболат. Мад ныттыхст йæ фыртыл. Лæппу сабыргай йæхи суæгъд кодта мады хъæбысæй. Иу каст ма бакодта сывæллонмæ. Йæ пæст ахаста хæдзарыл, стæй тагъд-тагъд рацыд уынгмæ. Сгæпп кодта машинæмæ. Дыккаг бон Фыдыбæстæйы хæстмæ ацыд Мæцыхъо дæр. Уый хорз зыдта, хæст цы у, уый — уыдис Фииляндийы хæсты. Хæсты рапдайæны хæдагъоммæ Хъазантемыр, Астраханы æфсæддон скъолатæп иуы курсант, фыста: «Нана, дыууæ къуырийы фæстæ каст фæуыдзынæн скъола, суыдзынæн лей- тенант æмæ нæхимæ отпусчы ацæудзынæн. Куывд сцæттæ кæн, æна, куывд». Фæлæ Хъазантемыр нал æрцыд. Нал бацин кодта мад йæ афицер фыртыл. Цалдæр мæй фæстæ сыхъуыст æнамонд хабар: «Фашистты ныхмæ тохы Райгуырæн бæстæйы сæрвæл- тау хъæбатырæй фæмард лейтенант Хъалæгаты Хъазанте- мыр». Æхсæвы тары айхъуыст Хангуассæйы зæрдæхалæн хъарæг. «Ма тæрс, Хъазан, де ’фсымæртæ, де ’мбæлттæ дып до туг райсдзысты», — йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ хъуыды кодта Хангуассæ. Æмæ æфсымæртæ — советон æфсæддонтæ, истой, ха^сты чи байсæфт, уыдоны туг, фæлæ мадмæ æнхъæлмæ кастис ног æнамонддзинад — нал фыстой писмотæ Мæцыхъо æмæ Тæ- тæрхъан, дыууæ мæны фæстæ ницыуал хабар цыд Дзамбола- тæй дæр. Цæмæй зыдта зæронд ус, Дзамболаты тыххæй «сау- гæххæт» ссыд, æмæ йын æй нæ хъæр -кæнынц, уый! 'Цæмæй зыдта, йæ хистæр хъæбул йæ туджы кæй мæцыд, мæлæтдзаг цæф кæй фæцис! Æрмæст уымæй афæдз фæстæдæр, Дзамбо- латы бинойнаг йæ цæгатмæ ацæуын куы сфæнд кодта, уæд бамбæрста мад æнамонд хабар. Рæзыд Азæ, Дзамболаты чйзг, уый-иу мидбылты бахудт Хангуассæмæ. Йæ чысыл къухтæ-иу æм бадаргъ кодта: домд- та йемæ ахудын, ахъазын. Æм-æ-иу уæд Хангуассæ бахудтис, цæстысыгтæ та рустыл лæдæрстысты. 1942 аз. Немыцаг фашисттæ æрбахæццæ сты Ирыстонмæ. Знаджы хæдтæхджытæ бомбæтæ æппæрстой Хъæдгæроныл, сармадзантæй æхстон хъæуы. Иуахæмы Хаигуассæ сывæл- лонимæ бамбæхст цæхæрадоны арф акъоппы. Æвиппайды йæ хъустьгл ауад бомбæйы æхсидт, тыхджын гуыпп. Бæстæ куы æрсабыр, уæд йæ сæр сдардта акъоппæй æмæ сагъдауæн аз- зад — йæ хæдзар кæм уыд, уым ма баззад æрмæст стыр дзыхъхъ. «Мысост ма ам уæддæр куы уаид», — загъта-иу Хангуас» 588
сæ йæ мой Тæтæрийæн. Фæлæ Мысост дæр, 17-аздзыд лæппу, августы ацыд Фыдыбæстæйы хæстмæ. Цыд рæстæг. Фашисттæ тард æрцыдысты Ирыстоиæн. Мад æмæ фыд æнхъæлмæ кастысты сæ фырттæм. Фæлæ та ногæй райстой æнамонд хабар: «Хъалæгаты Мысост Райгуы- рæн бæстæйы сæраппонд Фыдыбæстæйы хæсты фæмард хъæ- батырæй». Фыд нал бафæрæзта: æрхуыссыд, мæлæт ыл фæ- тыхис. . Нал фæзындысты Мæцыхъо æмæ Тæтæрхъан дæр. ...Саутæлм тырысаты дымгæ фæйлауы фæндаггæрон. Урс- дадали сылгоймаг лæууы цырты цур æмæ æдзынæгæй кæсы фондз тырысамæ. — Æнусмæ æлгъыстаг æрбауай, хæст! —сдзырдта сабыр- гай, йæ цæст ахаста быдыртыл. Мит фæтайы, рæхджы уал- дзæг, царды уалдзæг æрдзы бамбæрздзæн йæ дари хъæццу- лæй. Фондз æфсымæры цыртыл та йæхи æрытаудзæн цардамои- ды дидинджыты æлутон гауыз. ^
Гасситы Верæ МАХЧЕСКАГ Н0МДЗЫ1Д БУЛКЪОН ■—МЛу сæрдыгон пзæр, Дыгургомы, Махческы хъæуы сæрмæ фæзы дыууæ дихы фесты хъæуы сабитæ, «сырхытыл» æмæ «урсытыл», æмæ хæстæй хъазын æрымысыдысты. Бирæ рæстæджы сабитæй «урсыты» къордыл хъазынæй ничи разы кодта, алкæй дæр сæ фæндыд «сырхыты» къорды уæвын. Хæлттæ аппæрстой æмæ уæд, «урсыты» къорды хъазыныл чи нæ разы кодта, уыдон йыхъус сты. «Сырхыты» хистæр уыд къæсхуыр, саулагъз лæппу Хъой- байты Амырхан, ныфсджын, алцæмæ дæр рæвдз æмæ æрхъуы- дыджын лæппу. йе ’мбæлтты ’хсæн уæлдай хицæн кодта йе ’хсар æмæ арæхстдзинадæй. Уый тыххæй лæппутæй алкæй дæр фæндыд уый къорды уæвын. Хъазт райдыдта. «Сырхытæ» бырсынц размæ, «урсытæ» сæхи хъаххъхъæиынц. Куыдфæстагмæ «урсытæ» нал баураед- той «сырхыты» æлхъывд æмæ лидзынмæ фестьг. «Сырхытае» радысты, æппæлыдысты Амырханæй. 590
Уый хъазт ’уыди, сабиты хъазт. Цæмæй зыдта уæд Хъой- байты æхсарджын лæппу, искæд бон æй хъæдын кард æмæ топпæн хæцын нæ, фæлæ кæй бахъæудзæн æцæг хæстон тыхтæй хæцыны сæр. Уыцы хабар уыд 1920 азы хæдфæстæ. Нырма хæрзæрæджы фесты мидæггагон хæсты æвирхъау аз- тæ. Топпыхосы фæздæджы тæф^нырма^ æххæстæй не ссыгъ- дæг арф кæмтты. Нырма нæ байгас сты хæсты ностæ Советон хицауадо1 сæрыл æгъуыстаджы тохгæнджыты буæрттылГ Хъæубæсты бирæ хæдзæртты бинонтæ сæ дарджытыл пырма дæр саутæ дардтой, æрдæгсыгъд хæдзæрттæ, æртхутæг- фестæг уæзгуытæ нæма сындидзыдтой. Фæуæлахиз Октябры социалистон революци. Бæстæ уæз- зау тохæй фæллад, фæлмæцыд æмæ тугæрхæмты фæстæ ца- дæггай^ æндидзыдта. Фæлæ кæд бæстæ ныссабыр, уæддæр ма-иу хаттæй-хатт кæмтты нарджытæй райхъуыстис топпы гæрæхтæ. Мидæггагон контрреволющюн тыхтæй аирвæзын кæмæн бантыст, æмæ хæхты цъассыты йæ фыдракæндтимæ чи æмбæхст, уыцы урс бандæты баззайæццæгтæ-иу сусæгæн фæлæбурдтой, ног дунейы рохтæ йæ къухмæ чи райста, уы- донмæ. Хæст ныссабыр, фæлæ Дыгуры æгъуыстаджы партизан- тæй нырма алчи дæр йæ кард цыргъæй, йæ хæцæнгарз нв; тыгъдæй дардта, æмæ-иу фæдисы хъæр куы фæцыд, уæд-иу æд- гæрзтæ афсæрста йæ къласон знаджы ныхмæ. Хъæбатыр æмæ æгьуыстаг уыдысты Дыгуры партизанты тохтæ Октябры социалистон революцийы сæрыл. Ирон адæмы историйы сæрмагонд бынат ахсынц. Уыцы революцион героикæ, ныфсхаст æмæ æнæбасæттон- дзинад Дыгуры партизантæ лæвæрдтой сæ кæстæртæм, сæри- бары сæрыл се стыр тохты традициты бахсыстой сæ фæсивæ- ды. Æмæ фæстæдæр, 1941 азы, фашистон ордатæ нæ адæмы сæрибардзинад байсынмæ куы ’рхъавыдысты, уæд Дыгур^ фæсивæд аккаг фæдонтæ разындысты сæ хистæр фæлтæрæн. Æниу уыцы фæсивæд, кæд нырма чысылтæ уыдысты, уæд- дæр мидæггагон хæсты сæхи цæстæй федтой сæ фыдты æмæ сæ хистæр æфсымæрты хъæбатыр тохтæ, урсгвардион контр- революцион бандæто1 æвирхъаудзинæдтæ. Æмæ хæрз чысы- лæй сæ туджы ахъардта хæрамдзинад сæ фъгдгул знæгтæм. Октябры революциимæ иумæ Махческы хъæумæ дæр па- рахатæй æрбакалди -сæрибары рухс, æнусты мæгуыр æфхæрд адæмæн ныр фадат фæци цардмæ, рухсмæ. Байгом сты скъо- латæ, адæм ныллæууыдысты ног царды фæндагыл. Бацыд скъоламæ Амырхан дæр. Зæрдæргъæвд лæппу йæ ахуыр æмæ нæ уагахастæй бæрæг хицæн кодта йæ кары чысыл лæппуты ’хсæн. Æмæ 1935 азы каст фæци Дыгуры раноны Фæс- уналы æнæххæст ’астæуккаг скъола. Амырхап йæхи цæттæ кодта дарддæр ахуырмæ. Фæнд 591
кодта сабыр 1Доп царды исты иог дæсныйад райсынмæ, æмæ йæм 1935 азы æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм æма* уæд аскъуыддзаг йæ царды дарддæры фæндаг. Бацыд ахуырг мæ Рязаны фистæг æфсады ахуыргæнæндонмæ. Æртæ азы дзы фæцахуыр кодта. 1938 азы йæ каст фæци, радтой йып лейтенанты чип æмæ йæ арвыстой Сызраны горæты 6691 æф- сæддон хаиы 117 æхсæг дпвизийы взводы командирæй. Афтæ райдыдта Хъойбайты Амырханы æфсæддон служ- бæйы фæндаг. Иу азы фæстæ йæ снысан кодтой æфсæддон окруджы 117 æхсæг дивизийы 725 æхсæг полчы скъолапы хис- тæры æххуысгæнæгæй. Уыцы скъола уыд Куйбышевы областы Кузнецкы горæты. Фæлæ нын уыцы бынаты баслужбæ кæнын нæ бантыст. Райдыдта урсфинæгты ныхмæ тох æмæ Амырхан æрвыст æр- цыд фроитмæ. Фыццаг хатт ныхæй-ныхмæ сымбæлд Амырхап знаджи- мæ. Æфсæддон ахуыргæнæндоны, гъе, стæй йæ службæйы рæстæджы цы зонындзинæдтæ райста, уыдон ын ныр ам ба- бæззыдысты æмæ сæ пайда кодта арæхстджынæй... Урсфинæгтимæ тох бирæ нæ ахаста. Фæлæ Хъойбайты Амырханæн зынаргъ слæууыд. 1940 азы 3 марты фæци уæззау цæф Выборгмæ хæстæг æмæ йæ арвыстой Ленинграды облас- 1Ы Пушкины горæты госпиталмæ. Уым фæхуыссыдис бирæ рæстæг. Стæй куы сдзæбæх, уæд та фæстæмæ азда^хт æфсæд- дон хаймæ. Цæттæ кодта æфсæддон кадртæ. 40 азы райдианы дунейон уавæр æгæр æндыгъд ныцци. Германы милитаризм, хæлуарæджы тынау, æртыхст Европæ- йъ\ сæрмæ æмæ кæрæдзи фæдыл ныхъхъуырын райдыдта Ев- ропæйы бæстæт1л. Фашизм бонæй-бонмæ кодта тæссагæй-тæс- сагдæр, налатæй-налатдæр. Дунейы сæрмæ дзыгуы’р кæнын райдыдтой мæлæтхæссæг мигътæ. Раджы уа, æвн æрæджы, фашистон Герман дупейыл хæс- ты арт кæй бандзардзæн, уый гуырысхойаг иал уыд, æмæ нæ цæмæй æдзæттæпæ ма æрыййæфтаид, уый тыххæй советои адæм сæхн цæттæ кодтоп фыдгул зиæгтæн ныхкъуырд рад- тынмæ. Цæттæ кодта йе ’фсæддон хайы Амырхан дæр Фашистон Герман мæнгардæй æрбабырста пæ Райгуырæп бæстæмæ. Райдыдта хæст, дыккаг дуненоп .ха^ст, адæймагады исто- рн кæй нæма зыдта æмæ цыппар азьг дæргъы милуаигай адæймæгты цард тохы быдыры чи аныхъуырдта, уыцы æвир- хъау хæст. Хъойбайты Амырхан хæсты райдианы сымбæлд фыдгул знæгтыл Ныгуылæн фронты. Командæ кодта фистæг æфсады йатальоныл, фæстæдæр та 82 Сырх Тырысайы орденджын Ярцевойы æхсæг дивизины 250 æхсæг полкыл. 592
Уæззау æмæ æвирхъау уыдис махческаг хъæёатыр сал- дат Амырханы тохы фæндаг хæсты фыццаг бонæй суангдаф хæсты" фæудмæ/ Æппынæдзухæй уыд хæцæг æфсады рæн .хъыты Иæ фæхудйнаг • кодта хæсты быдыры пæ фыдæлты кад номдзыд Амырхан. ’ Разынд сын • аккаг фæдон æхсарæй дæр, лæгдзинадæй дæр. Хæсты фыццаг мæйты Советон Æфсад зын æмæ уæззау уавæрты бахауд. Фæстæмæ лæууын æй бахъуыд. Фæлæ Райгуырæн бæстæйы зæххæй иунæг уылынг дæр, знагæн æнæ стыр зиан ракæнгæйæ, Амырханы æфсæддон полк никуы лæвæрдта. Уый тыххæй та æвдисæн сты Советон Æфсады Сæйраг Хис- тæр комаидæкæнынады цалдæр арфæйы. 1942 ,азы кæрон фыдгул знаг æрурæд æрцыд æмæ райдыдта стыр размавбырст. Уыцы стыр размæбырсты активон хайад рай- <ста 82 дивизийы сконды 250 æхсæг полк дæр. Уыцы хъæбатыр размæбырсæн тохтæй сæ иу уыд ЯрЫчины районы. Уыцы районæн знаг лæвæрдта стыр стратегион нысан. Уырдæм. стымбыл кодта танкæйон, артиллерион æмæ фистæг- ^«фсæддон егъау хæйтты. Советон Æфсады Сæйрагкомандæка^- пынад, сæрмагондæй И; В. Сталин, стыр нысаниуæг лæвæрд- та Ярынджы районы фыдгул знæгтæй стыр группировкæ скуы- нæг кæнынæн. Уыцы группировкæ скуынæг кæныныл баст уыд уыцы районы Советоп Æфсады хæйтты размæбырсты æн- тыст. , Знаджы группировкæ скуынæг Кæнын баст æрцыд 20-æм армийæн. Уыцы армийы сконды уыд Ярцевойы Сырх Тырысайы орденджын 82 дивизи дæр. 82 дивизи хъуамæ хæст сцырын код- т^ид фыдгул знагæн. Ныхмæлæууæджы сæйраг тыхты раздæх- таид йæхирдæм æмæ уый æмрæстæджы фадат радтаид 20 ар- мийы иннæ æфсæддон хæйттæн флангты ’рдыгæй размæ абыр- сыназн æмæ Ярынджы районы уæвæг знаджы группировкæйыл æрхъула кæнынæн. , Уый уыд, стыр æмæ ахсджиаг нысаниуæг кæмæн уыд^ ахæм хæстон операци. Райдыдта уыцы операци. 82 дивизи æнæнхъæлæджы йæхи лыццавта знæгты сæйраг тыхтыл. Тох уыд карз æмæ æвирхъау. Фæлæ уыцы тохы дивизийæн зæрдæрайгæ æнтыст нæ уыди. Фыдгул знаг æгæр фидар æмæ тыхджын уыд æмæ фæстæмæ а’ппарын ницы амалæй^куымдта. г Уæд бахъуыд булкъон Хъойбаты Амырханы хæстон ар- хайддзинады сæр. Уый дивизийы командирæй бар ракуырдта, цæмæй йæ полчы дыууæ батальоны рахиз фланджы ’рдыгæй, 20 армийы хæйтты размæбырстæн æххуо1Сгæнгæйæ, тох самадтаид рыхмæлæууæджимæ, полчы иннæ дыууæ батальоны та, артил- лерийы æхсты æххуысæй, комкоммæ дæр акæна Бурговайы 38* 593
’рдæм здæхты, æмæ алыг кæна ныхмæлæууæджы Ярынджы районы æфсæддон хæйтты фæстæмæ алæууæнтæ. Булкъон Хъойбаты Амырханы хъуыдыйæн уыд стыр æн~ тыст. ’ 250 полчы батальонтæй сæ иу уæззау тохты фæстæ знæгты аппæрста Бурговайы хъæуæй. Уыцы хабар бæрæг фенцондæр кодта 82 æхсæг дивизийы уавæр æмæ дивизи, æнæнхъæлæджы, цалынмæ знаг йе ’муд не ’рцыд, уæдмæ йæхи ныццавта знагыл. Фыдызнагæн Советон Æфсады хъомысджын цæфтæ бауромын йæ бон иæ баци æмæ фæстæмæ лæууын райдыдта. Фæлæ уæд- мæ Амырханы полк алыг кодта знæгты фæстæмæ алидзыны фæндæгтæ, 20 армийæн фадат фæци знæгты стыр группировкæ- йыл флангты æрдыгæй æрхъула кæиын æмæ уыдои бынтондæр скуынæг кæпынæн. Уый уыди 1943 азы 20 армийы уæлахизы размæбырсты рай- диан. Уыцы тохты фыдызнагыл æрцыдис стыр зиæнттæ куыд удыгас тыхæй, афтæ хæстон техникæйæ дæр. Уацары раконд æрцыд фыдызнаджы 200 салдат æмæ афицеры. Райдыдта Советон Æфсады стыр размæбырст. Уыцы раз- мæбырсты 250 полк хайад иста Сычев, Ярцево æмæ Смолеискы горæттæ ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Уый тыххæй И. В. Ста- лин сæрмагондæй раарфæ кодта булкъон Хъойбайты Амырха- пæн. Бирæ сты, 250 æхсæг полк, Хъойбайты Амырханы командæ- йы бын, цы горæттæ, районон цептртæ æмæ хъæутæ ссæрибар кæныны хайад иста, уыдон. 250 æхсæг полчы тохтæ бацыдысты Фыдыбæстæйон хæсты историмæ. Уый тыххæй арæх фыста йæ бардзырдты 20 армийы командæгæнæг инæлар-лейтенант Рей- тер, уæлдайдæр та Ярыгинскы районы немыцæгты группиров- кæтæ скуынæг кæныны рæстæджы, .250 полк уыд уыды операци- ты фæуæлахизæй фæуынæн сæйрагдæр æмæ ахъаз’загдæр æх- хуысгæнджытæй. 250 полк ссæрибар кодта стыр цæрæн хъæу Ректа, ахызт Ольсойы сæрты, уыцы цæугæдоныл фæстæмæлæууæг знагæн иæ радта цæугæдоныл 2 стыр хиды фехалыны фадат. Уыцы хидтæ та стыр ахсджиаг уыдысты размæбырсæг Советон Æф- садæн. 250 полк ссæрибар кодта районон цеитртæ Свислочь, ГТух- рич, поселок Октябрь. Хъойбаты Амырханы командæйы бын 250 æхсæг полк фыццаг ахызт цæугæдон Березинайыл. Уацары ракодта 1000 пемыцаг салдат æмæ афицеры. Тохы быдыры скуынæг кодта фыдызнаджы 2000 салдат æмæ афицеры. Байста фыдызнагæп бирæ трофейтæ. у Æфсæнвæндаджы станц Ново-Дугийы, гъе стæй горæт ^Сычевы ссæрибар кæныны сæрыл тохты 250 полчы салдæттæ »æмæ афицертæн 50 бæрц хорзæхджын æрцыдысты Советон Цæ- дисы ордентæ æмæ медалтæй. 594
Хъойбайты Амырханы полчы 3-аг æхсæг батальоиы комап- дир уыд хуссарирыстойнаг хистæр лейтенант Хъоцыйы фырт. Абон дæр ма æрымысы Амырхан уыцы æхсарджын лæппуйы. Ахæм уæззау тох нæ уыд, Хъоцыйы фырты батальон хайад кæм нæ иста. Амырханы-иу, сæр куы бахъуыд, уæд кæддæрид- дæр уырдæм уый батальоны æрвыста Фæлæ уæлахизы бонмæ фæцæрын нæ бантыст хъæбатыр лейтенантæн. Иу уæззау тохы мард фæци, ирон адæмы тохы бæлцæттæй сæ хъæбатырдæртæй Хъоцыты афицер. Хорзæхджыи уыд цалдæр ордеи æмæ майданæй. Хъойбайты Амырханы полк уæлахизæй фæци йæ уæззау тохы фæндаг. Æмæ æхсарджын булкъон æрыздæхтис -йæ рай- гуырæн Ирыстонмæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æхсар æмæ лæгдзинад кæй равдыста, хæстон операцитæн арæхстджын æмæ ныфсджынæй кæй разамынд кодта, уый тыххæй йæ Советон Æфсады Сæйраг командæкæнынад схорзæхджын кодта Сырх Тырысайы 2 орде- нæй, Александр Невскийы орденæй, Сырх Стъалыйы ордеиæй, Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæны орденæй æмæ æртæ майданæй. Уый æмрæстæджы райста Сæйраг командæкæнына- дæй дзæвгар арфæйы гæххæттытæ. г Хæсты быдыры æхсæз хатты фæцæфис хъæбатыр булкъон, фæлæ-иу тохы быдырæй никуы рацыд, цалынмæ-иу ,полк кæ- ронмæ нæ ахæццæ кодта йæ разылæууæг хæс. Фæлæ уыцы хъæдгæмттæ нырма дæр бæрæгæй зынынц Хъойбайты хъæба- тыр булкъоны буарыл. Æмæ йын хатт æрымысын кæнынц йæ хæстон уæззау хæцæнтæ, æвирхъау мæлæтдзаг тохтæ. Амырханæн йе ’нæниздзинад кæй фæцудыдта хæсты бы- дыры, уый /гыххæй сæрибар æрцыд æфсады рæнхъытæй. Куыс- та Хуссар Йрыстоны педагогон институты æфсæддон кафедрæ- йы сæргълæууæгæй, стæй ацыд Бакомæ æмæ ныртæккæ цæры уым. Афтæ уыд, кæддæр Махческы чысыл сабиты «хæстæй» хъа- зын чи ахуыр кодта, æмæ фæстæдæр йæ иузæрдион, хъæубæстæ, йе ’мирон адæмæн кад чи скодта, уыцы лæдпу — Хъойбайты Амырханы хæстон фæндаг. Афтæ уыд Дыгуры номдзыд парти- зантæй сæ иуы — Никъалайы фырты хæстон фæндаг. Аккаг фæдон разынд йæ хистæртæн. Кад æмæ йын намыс.! * 595
Тъгхты Амыран ФÆНДÆГТÆ, ФÆНДÆГТÆ... зауы районы хæххон хъæу Тъонтъобеты 1897 азьг Хъоцыты Уасилæн райгуырд лæппу. Хъæубæсты лæгтæ йæм хæрзæггурæггаг цыдысты æмæ йын арфæтæ кодтой. - Лæппуйыл нбм сæвæрдтой Рам’ан. Рæзтис. Иæ фæстæ ма йын фæзынди дыууæ ’фсымæры æмæ иу хо. Фæлæ сæ фыд Уа- силæн бирæ цæрын нæ бантысти. 1914-æм азы амард. Сывæл- лæттæ баззадысты сæ мад Елизаветæйы æвджид. Раман цып- пæрдаэсаздзыдæй каст фæцис Дзауы райдиан скъола, уый фæстæ, хæдзары йæ мадмæ фæкæсæг кæй нал уыд, уый тых- хæй йæ ахуыр нал адарддæр кодта æмæ æххуыс кодта йæ’ма- дæн. Фæстæдæр та каст фæцис Дзауы астæуккаг скъола. ’. 1918 азы Дзауы дæластæрдон партион организаци куы фæзынд, уæд уыдонимæ баиу ис Раман дæр. Организаци фæ- сивæды ’хсæн арæзта сусæг æмбырдтæ. Раманæн бахæс код- той, цæмæй, меньшевикты баиугонд милици æмæ æндæр агент- тæ цы фыдмитæ кодтой, кæй ахсынмæ хъавыдысты, уыдон хъусын кодтаид. Гъе æмæ Раман уыдонæй æхмæст кодта йæ куыст. 1919 азы бацыд партийы рæнхъытæм. 1919-20 азты Дзауы партион организациты куыст куы сцы- рын, уæд сæм меныневиктæ сæ хъус тынгдæр æрдардтойæмæ ьартионтæй сæ къухты чи ’фтыд, уыдоны ахстой. 500
Ацы партион къордтæ уый куы базыдтой, ахсыпц нæ, зæгъ- гæ, уæд хæхты сæрты ахызтысты Цæгат Ирмæ æмæ сæ уым сы- рæзт æхсæг полк. Командæ йыл кодта Санахъоты Мате. Хъо- нытьгРаман уыдис пулеметчик. 1920-æм азы полк æрвыст æрцыд Хуссар Ирмæ. МеньШе- никтимæ хъæбатырæй тохгæнгæйæ, сæрибар æрцыд Дзауы район æнæхъæнæй, стæй горæт Цхйнвал æмæ дзы расидт æр- цыд Советон хицауад, фæлæ та меньшевиктæ æрбакалдтой би- рæ æфсад æмæ Дзæуджыхъæуæй цы полк æрцыд, уый пып- пырх кодтой. Адæм лыгъдысты Цæгат Ирмæ. Хъоцыты Раман хæхты сæрты Дзæуджыхъæумæ куы ахызт, уæд бацыд 2-аг хуссарираг бригадæмæ æмæ Бургъуста- ны урсытæй ссæрибар кæныны райста активон хайад. Бургъус- тан куы ссæрибар, уæд фæстæдæр Гуырдзыстоны расидт æр- цыд Советон хицауад. Уæдæй фæстæмæ Хъоцыты Раман куыс- та Хуссар Ирыстоны æндæр æмæ æндæр бынæтты. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Раман куыста сæхи хъæуы колхозы сæрдарæй. Уыцы азы 7 июлы йæм æрсидтысты Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны сæрыл тох- мæ. Райдианы æрвыст æрцыд Ереванмæ, авиаполкмæ! Хæст нырынæй-цырындæр кодта. Знаг æгъатырæй бырста размæ, истанын нæ горæтты æмæ нæ хъæуты. Немыцаг тыхæйисджы- тæ Мæздæгмæ куы сæввахс сты, уæд полк ацыдис уырдæм. Ра- маиы та арвыстой ног æхсæг бригадæмæ. Фæстæдæр бригадæ активон хайад райста Цæгат Ирыстоны знагæй бахъахъхъæ- ныньГ сæрыл тохт!ы. Хистæр лейтенант Хъоцыты Раманы хæстои фæндаг райдыдта Джызæлы хохрæбынæй. Бырсыиц немыцæг- тæ размæ. Цæуы каоз тох знаджимæ. Фашисттæ хъавыдысты Орджоникидзейы горæтмæ æрбаирвæзынмæ, фæлæ сын сове- тон^ хъæбатыр хæстонтæ уый фадат нæ радтой, фæ^тæмæ æга- ды лыгъд фæкодтой. Ныууагътой бирæ хæстон те^шикæ. Фæстæмæ лидзгæйæ, немыцæгтæ сæхи æрфидар кодтой Рассветы хъæуы. Боигадæйы командир булкъои Варожищеп бардзырд радта, цæмæй Рассветæй тард æрцыдаиккой немы- цæгтæ. Сцырын та карз тох. Нæ хæдтæхджытæ æмæ артилле: ри, стæи танкæты тыхджын атакæ нæ баурæдтой немыцаг æф- сад^æмæ та фæстæмæ а’лæууыдысты. Ссæрибар Рассветы хъæу. Фашистон лæгмартæ сæхи айстой Кубаны цæугæдоны фаллаг фарсмæ. Хъоцыты Раман цы бригадæйы уыд, уымæй арæзт\ æрцыд 301-æм æхсæг дивизи. Советон Цæдисы Сæйраг Хистæр командæгæнæджы бардзырдмæ гæсгæ дивизи æрвыст æрцыд Донбасмæ. Хъоцыты Раман урæд æрцыд фистæг æф- сады взводы командирæй. Карз тохты фæстиуæджы советон хæстонтæ ссæрибар кодтой Донбасс, Ацы тохты Хъоцыйы фырты взводы хæстонта1 дæр равдыстой хъæбатырдзииад. Раманы схорзæхджын код- той СырхСтъалыйыорденæй. 1943 азы 8 сентябры уый Сæйраг 597
Хистæр командæгæнæджы бардзырдмæ гæсгæ се ’фсæддон ха- йы командир Сафоновæй райста бузныгдзинад. Дивизи, знаджы дæрæн кæнгæйæ, бахæццæ, горæт Бенде- 1>ы немыцæгтæн цы фидæрттæ уыд, уырдæм. Нæ хæдтæхджы- тæ сыл бомбæтæ калынц, зæхх змæлы. Немыцаг фидæрттæ пырх æрцыдысты. Раманы фарсмæ бомбæ’рхауд æмæ йæ сы- джыты быи фæкодта. Ницыуал базыдта. Æрæджиау зæххы рыг куы ’рбадти, уæд æм батальоны комаидир Русаков баз- гъордта:- — Кæд дыл ннцы сæмбæлд мыййаг? — афарста йæ уый. — Æмбæлгæ мыл ницы скодта, æмбал капитан, фæлæ мæ бирæ нал бахъуыд. Дæумæ æххуыс кæпынмæ цыдтæн. —\Уый дæр хорз у, фæлæ... ; -т- Фысым та сын фестæм, æмбал комаидир, фæстæмæ та сæхйа’йстой. Уыцы карз тохты та Раман йæхи хъæбатырæй кæй равды- ста^уый тыххæй райста 75-æм армийы командæгæнæг Поля- ковæй * бузныгдзинад. . " 1-944 азы 16 ноябры Раман Вислæйы цæугæдоны былыл фндæрттæ батоныпы сæрыл карз тохты хъ*æбатырдзинад кæй равдыста йе ’взводимæ, уый тыххæй хорзæхджын æрцы- дис Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг къæпхæны орденæй. Дивизийы хæстонтæ ссæрибар кодтой горæттæ Сохачов, Скерневице, Бронлав, Бжесиц, Коло æмæ Куявски. 1945 азы 22 япвары карз тохты фæстæ Раманиты дивизи ссæрибар кодта горæт Гнезены æмæ 31 январы бахæццæ сты Германы зæхмæ. 1945 азы апрелы фæуды. карз тохты фæстæ бафсæрстой,Берлинмæ. Рамаи та Берлин ссæрибар кæныны сæ- рыл йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд майда- иæй, райста бузныгдзинад. Хъоцыты Раман хорзæхджын у æндæр майдаитæй дæр. Германыл фæуяелахизы фæстæ дыууæ хæсты хайаднсæг, æхсарджын революционер Хъоцыты Раман æрыздæхтис сæ- рæгасæй йæ райгуырæн хъæу Тъонтъобетмæ. Йа^з1æрдыл-иу æр-' лæууыдысты йæ сабийы бонтæ, йæ фыдæбæттæ, фæлæ зындзн- нады æмæ хæсты бахсидæг хъæбатыр ирон хæсты фæстæ дæр æрывнæлдта йæ адæмæн лæггадкæнынмæ. Куыста Дзауы фин- хайады органты, колхозы сæрдарæй. Ныр Раманыл æххæст кæ- ны 72 азы, исы раздæры революциой тохты тыххæй персона- лон пенси. А
Гаглойты Владимир ÆМÆ НЫЙЙАРÆГ ÆНХЪÆЛМÆ КАСТ.. I ъларсы къуылдым. Гакъон-макъон иукъахвæи- дагыл цæуы, згъоры ныййарæг мад. Йæ дæлармы тыхтоны нартхоры хъарм кæрдзынтæ, хъæбæр цыхты гуымбыл æмæ газеты тыхт ногхуыд уæфсдзабыртæ. Тындзы Иаккуы горæт- мæ, йæ хъæбулмæ Тындзы, кæд ма йæ æрыййафид æмæ ма йæ лъæбулæн .йæ фæндаггæгтæ фæхæццæ кæнид. Сæрдыгон дзæгæрæг хур йæ зынг цæстæй ныккасти ком- мæ, хид цъыччытæ кæны Наккуыйы цæсгома?й, хатт комы дойнаг дуртыл йæ къах скъуыры. Къахкъухтæ сриссынц, фæ- лæ ма рысты мæт та чи кæны... Тагъддæр... Тагъддæр... Æмæ фыццаг хатт мыййаг нæ цæуы ныййарæг мад ацы фæндагыл, фыццаг хатт нæ тындзы йæ хъæбулмæ. Раджы а.мард йæ сæрыхицау Естъа, æмæ йын йе ’вджид выууагъта авд æнахъом сабийы. Æвæгæсæг сидзæргæс мад-иу куы фæ- тыхст, уæд-иу йæ хъ,æбулты дзыхæй фелвæста цыхты гуымбыл- тæ, æйчытæ, гъе та карк, , æрдавта-иу сæ горæтмæ, ауæй-иу сæ кодта, дуканййы-иу кæрдзын балхæдта, æмж-иу йе ,'ххор- маг сабитæм удаистæй æрбахæццæ ис фæстæмæ. Тындзы ныр дæр, фæлæ ацы хатт базармæ нæ! Йæ фырт 599
Шаликъо цæуы стыр хæстмæ æмæ ма йæ кæд ныййарæг мад. горæты ныййафид.1 - ( Ох, ацы æнæхаиры фæндаг, куыд пыддаргъ дæ, куы нæ уал зыны дæ кæррн! Хаты йæ мид-зæрдæйы мад, йæ хъæбул цы фæндагыл цæ- уынмæ хъавы, уымæн йæ иунæг койæ дæр зæрдæ куыд бари- зы, уæнгтæ, зымæджьг карз ирдгæмæ куыд асийынц, афтæ* куыд ауазал вæййынц. Хаты мад, уый бирæтæн фæцу,>..æмæ ма ’рцуйы фæнд’аг кæй у. Ныййарæгæн та маст, цæсты сыг æмæ æвирхъау утæ^сæнты фæндаг. Æмæ куы ницы дары, адæмы мæт æмæ масты къахькр чи ныллæууын кодта, немыцаг Гитлер кæй хонынц, уыцы ’хъæ- булхорæй? Куы нæ дæр æй зонг<æ кæны, куы никуы'чд^р ын йæ ном фехъуыста, уæд цæм.æн æрымысыд тугкалды хæст. Цы йын кодтой Наккуыйы сидзæр хъæбултæ, æхсæв дæр сьнт сæ фынæйыл куы нæ хъæцыд, йæ армытъ!æпæнæй сын сæ гом, сыд буар куы фембæрзта, уыдон тыххæй афтæ æвзонгæГг куы базæронд, уæд ын * сæ сæ фыды артдзæстæй схъиуæггаг цæмæн фæкодта. Уас йæ хъæбул амæла, ныййарæг мады фьг дæбæттæ кæмæ нæ хъарынц, уымæн. «Уæд та сæ фыд- йæ цуры куы фæуыдаид, уæд мады зæр- дæ ныфсджъгндæр уыдаид. Уæлих, уæлвæндаг мын хæдзарьг дзаг сабиты йæ уæзæгыл ныууагъта. О, Мадымайрæм,- ды мын зоныс мæ удхæрдтæ æрмæстдæр, схъомыл сæ кодтон, адæмы рæгъы рацыдысты. Загътон, ныр цæрдзыстæм, мæ уд йæ нывонд Советон хицауадæн, фæкасти мæм, ме стыр уаргъ мын ме ’ккойæ айста æмæ мæ сидзæр хъæбултæ царды фæн- дагыл фæхæст сты... Сулæфыдтæн... цин кодтон, æмæ, мæнæ,. æнæнхъæлæджы æрбайхæлдыстъг мæ фæндтæ... Тагъддæр, м-æ хъæбулы ма куы ныййафин, куы нæ уал^ æй фенон, зæрдæскъуыд фæуйдзынæн. Æниу мын нырма цæй хæстон лæг у Шаликъо, йæ ны- вонд фæуои, нырма йыл æвддæс азы дæр куы нæ цæуы. Ныр- ма хæрзæрæджы дæр уæрыччыты фæдыл ч фыййау куы раз- п^ор-базгъор кодта, мæ сæр ын амæла, йæ зæвæттæ æдзух дурæфхæрд кодтой, йæ къах-къухтæн сæ туг никуы б.анцад. Нæхи хъæуы райдиан скъолайы куы ахуыр кодта, уæддæр-иу } сæрды фыййау куы цыд, уæд йæ хызыны дурæхсæнтимæ йæ- чингуытæ хаста. Ахуырмæ мын рæвдз уыди, йæ сæрыл хаст фæуон, зымæг-иу æрдæгæхсæвтæм чиныгмæ каст, æмæ-иу йæ чиныджы уæлæ бафынæй. Ныр та мын, горæты ахуыргæнджытæ кæм свæййынц, уы- цы’ран ахуыр кодта, тагъд,дам, ахуыргæнæг суыдзынæн, гыц- ци, афтæ мын дзырдта айразмæ. Уас йæ пыцци^ы фæрстаг фехæлой, ныр мын æй хæсты быдыры куы амидæг кæной, уæд. йвзахуыр æрдæгыл баззайдзæн. Æз та ма йын мæхинымæр би- 600
ионтæ агуырдтон, æниу нырма цачЧ бинонтæ дарын у йæ.брн,. фæлæ’...» ’ - . . Хур ма бæндæны бæрц уыдис арвыл; афтæ æрхæццæЛ’’йс Наккуы горæтмæ, æмæ фæдисы цыд бакодта ’ æфсæддон ’ къа- мисариатмæ. Кæрты, гъе, стæй мидæгæй дæр дзæвгар адæм* æд хызынтæ, æд чумæдантæ. Уыдон уыдысты, фронтмае ацæ- уынмæ чи хъавыд, ахæм æрсиддонтæ алы хъæутæй, алы рæт- тæй. Бирæтæн дзы" семæ сæ хæстзеджытæ, сæ бинонтæ. Чи хъæлдзæг уыд, чи та æрхæндæг. Диссаг уый уыд, æмæ фронт- мæ арастæввонг чи’ уыд, уыдон хъæлдзæг уыдысты, фаенда* раст сæ чи кодта уыдон та — æрхæндæг. ’" Мад сЫн се ’хсæн ацагуырдта йæ хъæбульг, æмæ йыл йæ- цæст куы нæ схæцъгд, уæд смидæгис æфсæддон къамисариатьк уаты. • Бафарста, загътой йын, чысыл раздæр, æфсадм.æ ацае- уинаг чи у, уьщы къордимæ Наккуыйы; лæппу Шаликъо- дæр ’æфсæнвæндаджы вокзалмæ кæй ацыд. Айтæ-уйтæ нал фæкодта мад, фæдисы цыдæй ацыд вок- залмæ..'. Мæнæ вокзал... поезд нырмауым ис... цыдæр æнахуыр> хъыллист ныккодта.. цыма Наккуымæ фæдисы хъæр кодта,. «Тагъддæр, дæ фырты дын фæласын», зæгъгæ. Мадæн бадон сты йæ уæрджытæ, тындзы ма, фæлæ йй..т хæццæ кæны. Тыххæйты сирвæзтис кæронмæ. Адæм æмыз- мæлдЧкæнынц, к;т?ухбакæнæн дзы нæй. Вагæтт.и, мыдыбын* дзы чыргъæдтау, байдзаг сты, æфсадмæ чи фæидараст кодта, уыдонæй. Мидæгæй бынат кæмæн нал уыд, уый та лæууыд вагæтты асинтыл, чи- та уæлæмæ схьизтис. Алчи фæндараст кæны йæ ахсджиаджы, фæстаг хæрзбон, зæрдæйæн ныфсдæт- тæн ныхас, фæстаг фæдзæхст. Рауай-бауай кæны Наккуы иу вагонæй иннæмæ, тыхстæй, фæдисæй. Агуры йæ хъæбулы, агуры, фæлæ йыл цæст никуы- цæй хæцы. Куы иуы афæрсы, куы иннæйы: — Дæ нывонд фæуон, Шаликъойы уæ ничи федта,^1йа> фæндагæгтæ, йæ дзабыртæ... Фæлæ ничи зоны Наккуыйы лæппуйы, ничи йын зæгъьГ бæрæг ныхас. Мад’нал ары бынат йæхицæн, зæрдæ риуы ми- дæг ратоны, фыр адæргæй йæ ныхъхъæр кæнынмæ бирæ нал; хъæуы. Ныууасыд поезд, вагæттæ фенкъуыстысты. Адæмы хъæр, мыдыбындзыты гуыз-гуызау, схæццæ. Фæцæуы поезд æмæ фæласы Наккуыйы зæрдæдарæны, афтæмæй та йæ фæндаг- гæгтæ... Иу дыууæ фæдз-æхст ныхасы хъуамæ баззайой, ам,_ перроныл. Нал баурæдта мадйæхи æмæ схауд, уæдæй нырмæ- хъуыры цы тарст æмæ фæдисы кт^уыбылой ныссагъд æмæ йæ удхарæй чи мардта, уыцы ныхас, — Шаликъо, -мæ хъæбул, дæ фæндаггæгтæ! Фæлæ йæхицæй дарддæр никæмæ фехъуыст йæ хъæр,' ни-- кæи æвдæлд уымæ, алкæмæн дæр йæхи зæрдæ фæрчытæ хауд. 60^
Поезды цæлхытæ агындзыдтой, перроныл чи лæууыд, ~уыдон къухтæ уæлдæфы хъилæй баззадысты æмæ цыма дæл^- лагон дымгæ мæнæуы æфсиртыл æрбадымдта, уыйау базмæ- лыдысты. . Фæлæ ницы федта мад, нæ дæр адæмы унæр фехъуыста. Йæ цæстытæ æндæгтдæй баззадысты вагæтты рудзгуытыл -æмæ уыдои куыд згъорстой, афтæ уый дæр згъорста сæ фæ- дыл, цалынмæ поезд нæ адард æмæ Наккуыйæн йæ уæрджы- ~тæ йæ быны нæ фæдыдæгътæ сты, уæдм^æ. Тыххæйты ма йæ бон бацн рельсыл æрбадын æмæ райхъуыст йæ утæхсæн. «Æпæхаиры поезд, куыд нæ уал мæм фæлæууыдтæ!» Поезд... поезд... куыд. бирæ фæтæхуды кодта Наккуы дæ фенынмæ, иу азы размæ фыццаг хатт горæтмæ куы æрбацыд, уæдæй нырмæ бирæ хæттыты фехт^уыста Наккуы уыцы дис- -саджы поезды кой, куыд бæллыди, лыстæг рельсытыл чи ту- -лы, уыцы æнахуыр, кæрæдзийыл баст хæдзæртты фенынмæ. Æмæ йæ мæнæ федта. Федта æмæ йын йæ хъæбулы дæр нал фенын кодта, афтæмæй йæ ам зæрдæскъуыдæй ныууагъта. .Аласта йын йæ хъæбулы, аласта, пæ койæ дæр мады зæрдæ лсæмæн баризы, уыцы æвирхъау хæстмæ. Бирæ, бирæ фæбадтис мад рельсытыл, йæ хъæбулы фæн- даггæгтæ пæ дæлармы ньглхъывта, афтæмæй, ницы уал æм .хъардта, ннцы уал æй ’æндæвта. Иу рæстæджы йыл иу æнæзонгæ лæг схæцыд: — Мæ мады хай, рельсытыл ма бад, тæссаг у ам. — Мæ хъæбулы ма куы федтаин, — райхъуыст Наккуы- йы утæхсæн, — йæ фæндаггæгтæ дæр ам куы баззадысты. -,— Тæрсгæ йын ма кæн, хорз ус, æрыздæхдзæни, фæлæ ацу уæхимæ. — Мæ сæр дæр ын уый куы фестид, — ныуунæргъыдта мад æмæ уæззаугай растад. Перроныл ничи уал уыди. Наккуы ма иу хатт акасти, лоезд ын йæ хъæбулы чердæм аласта, уыцырдæм æмæ æр- хæндæгæ’й раздæхтн сæхимæ. Згъудеры къуылдымæй сæхирдæм куы фездæхт, уæд хур .-аныгуылд. Фæндагыл ыл талынг кæндзæн, фæлæ пæ уыцы хъуыды нæ тæрсын кодта, æниу фæстæмæ дæр нал тагъд кодта. Цыма йын йæ зæрдæ уыцы поезд аласта, æмæ уд буа- рæй фæхицæн, уыйау ын хъауджыдæр нал уыд. Æрæджиау <бафиппайдта йæ дæлармы, уæдæй нырмæ афтæ бæстон кæ- уыл хæцы, уыцы тыхтоны дæр. — Мæ сæр амæла, куыд нæ сырæхстæн мæ фырадæргæ- нæ, уæд та сæ æндæр искæмæн куы авæрдтаин, уæд сæ уый •фæхæццæ кодтанд Шаликъомæ, — ахъуыды кодта Наккуы ■&мæ тыхтон йæ риумæ æрбалхъывта. ÆрдæгæхсæвæЛГ раджы аивгъуыдта. Сæрдыгон æхсæв уай- тагъд фæлурс кæнын райдыдта, афтæ Наккуы дæр’ тых æмæ 602
амæлттæй, фæллад, фæлмæцыдæй æрбахæццæ фæстæмæ сæ* хпмæ, Хъларсмæ. Æнхъæлмæ кæсын райдыдта ныййарæг мад йæ хъæбулæй бæрæг ныхас фехъусынмæ. Æмæ цалдæр мæйы фæстæ салда- ты æртæкъуымои фыстæг æрхаста бæрæг иыхас ныййарæг- мæ. «Зынаргъ гыцци, — фыста Шаликъо, — дæи Хъырымы зæххыл, денджызон фистæг æфсады рæихъыты. Æрвылбои дæр Цæуынц уæззау тохтæ. Знаг, æрра сырдау, лæбуры, быр- сы размæ, фæлæ йын дæдтæм аккаг ныхкъуырд, æнæниз, сæ- рæгас дæн. Æнхъæлмæ кæс, тагъд дæм æрыздæхдзынæн». Æмæ æнхъ’æлмæ каст, бонтæ бонты фæдыл, адæймаджы къухы æнгуылдзтæ скъуынæгау, рыст æмæ мастпмæ уадысты. Наккуымæ кæрæдзи фæдыл " бæлоны базырты хуызæн æрта»- къуымон’ фыстæджытæ уæззау хæсты быдырæп тахтысты. «Знагæн стыр зиæнттæ ракæнгæйæ нæ бахтуыднс Хъыры мы зæхх ныууадзын æмæ фæстæмæ ралæууын. Ныртæккæ дæн Кубаны, Майкопы горæты. Нæ полкæй ма раирвæзын кæмæн бантыст, уыдонæй сарæзтой бæхджын æфсады экскад- рон, нæ дивизийы командир у инæлар Кириченко. Уый сарæз- та бæхджын æфсады корпус. Тох нын бацайдагъ Мариуполы горæты сæрыл румынаг æфсæддон хæйтты ныхмæ. Куы йæ зоныс, гыцци, дæ фырт нæхимæ карк дæр никуы аргæвста, фæ- лæ ныр... цы дын æй сусæг кæнон, фондз румынаг фашисты сæ мæлæт ссардтой ме ’хсаргарды бын. Адæймаджы амары- ны тыххæй йæ къухмæ кард никуы ничпма райста мæ фы- дæлтæй, фæлæ дæ фырт райста. Райста йæ йæ цыфыддæр знæгты ныхмæ. Тох æвирхъау æмæ карз уыдп. Фæцн мах пай- дайæн, тæрсгæ ма к)æн, мæ ныййарæг, фæлæ уыцы тохы фæцæф дæн æмæ хуыссын эвакогоспиталы Дербеиты горæты»... «Сдзæбæх дæн, æмæ мæ арвыстой Грознайы фистæт æф- сады æфсæддон ахуыргæнæндонмæ, уыцы ахуыргæнæпдон та Бакойы горæты ис»... «Фæдæн ахуыргæнæндон, радтой мыи кæстæр лентенаиты ном. Абон æрхæццæ дæн Ростовы æфсæддон округмæ. Сны- сан мæ кодтой танкæты ныхмæ æхсæг сармадзанты взводы командирæй. Дæн 276 гвардион фистæг æфсады полчы». «Стыр тохтæ нын бацайдагъ Миусы цæугæдонмæ хазс- тæг. Бардзырд мыи радтой, цæмæй знæгты аппæрстаиккам бæрзонд къуылдымæй. Фыццаг уыцы бæрзæндмæ æхста пæ дардмæхсæг артиллери, стæй уый фæстæ мах абырстам раз- мæ. Махæн 500 метры йедтæмæ размæ абырсын нæма бан- тыст, афтæ немыцаг танкæтæ рацыдысты контратакæйы, ме взвод æрцахста хъавæн бынæттæ. Комкоммæ æхстæй скуынæг кодтам 7 танкæйы. Ме взводæй дæр фæмард ис 11 адæймаджы. Знæгтæн сæ къухы ницы бафтыд. Мах абырстам разм-æ, систам бæрзæнд, уæдмæ нæм ноджы æххуыс æрбацыд. Уыцы 603
тохы тыххæй мæ схорзæхджын кодтой Фыдыбæстæйон Хæс- ты’фыццаг къæпхæны орденæй». : / , «1943 аз. 18 июль. Раздельнийы районы хъæу Успенскийы цурты карз тохты рæстæджы ме ’взвод кæй басгуыхт, уый тыххæй мæ нæ дивизийы командир схорзæхджын кодта Хъæ- батырдз’инады тыххæй майданæй. Уыцы тохты фæцæф • дæн. Хуыссын Мариуполы рынчындоны». ’ ’’ «Ногæй та фронт. Стæм Молдавийы зæххыл, Тира’сполы горæтмæ хæстæг. Мæ чин мын фæуæлдæр кодтой. Снысан ма*« кодтой танкæты ныхмæ хæцæнгæрзты ротæйьг командираей. Бырсæм размæ Яссæ-Кишиневы здæхты. Хъуыд «æвзаг», сса- рын; Æхсæв. Фæззыгон хуылыдз мигътæ нындæгъдысты зæх- хыл æмæ уæлæмæ нал комынц. Изæры 8 сахатыл мæм фæ- сидт штабмæ Советон Цæдисы Хъæбатыр, дæлбулкъон Смир- нов. Бардзырд мын радта, цæмæй цыфæнды зын уавæртьг дæр ссарæм «æвзаг». Уыцы хæс иттæг хорз кæй сыххæст код~ там, уый тыххæй мæ схорзæхджын кодтой дыккаг хатт Фы- дыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæны орденæй. ’Атыдтам знаджы хъахъхъæдад, Ура! Нæ бæстæйы арæк- тæй’ ахызтыстæм æмæ бырсæм размæ». «Дæн Югославийы зæххыл. Стыр. тохтæ нын бацайдагъ Дебрецены горæты с^æрыл. Ам, æввахс хъæдты, æртымбыл сты алыгъуызон фашистон бандæты стыр къордтæ. Æлгъаг, лæгмартæн æрхæццæ ис сæ адзал æмæ ма, æрра сырдау, лæ- бурынц. Уыцы бандæты скуынæг кæнынытохты активонхайад кæй райстон, уый тыххæй райстон æртыккаг хæстон хорзæх — Сырх Стъалыйы орден. Æлгъаг бандиттимæ лæгæй-л’æгмæ тбхы фæдæн уæззау цæф, лæгмары кард мæ артæнты ныс:- сагъди. Хуыссын Белграды рынчындоны». «Сдзæбæх дæн. Ногæй та фронт. Венгрийы зæхх.: Мæ фæстаг тох уыд Балатоны цады цур. Ногæй та мæ схорзæх- джын кодтой Хъæбатырдзинады тыххæй майданæй». ’ ’ * «Хæст фæци, мæ тохы фæндагæн йæ кæрон æрхæццæ^ рæх- джы цæуын нæхимæ. Абон мæм Сырх Æфсады баиугоид хæйтты командир, Советон Цæдисы Маршал Конев æрырвыста- арфæйы гæххæтт». Æмæ æрыздæхт Шаликъо йæ райгуырæн уæзæгмæ/ Иæ ныййарæг Наккуйы æнхъæлмæкаст дзæгъæлы нæ уыди, йæ. фырт сæрæгасæй æрыздæхт. ч ^ 604
Цхфырбаты Иван ПИДОЙЫ БАЙЗÆТТАГ Гоги I у мин астсæдæ фæндзай фæндзæм азы Фæскавказы фронты Луссар Ирæй хæцыд 400 хæстоны туркæгты ныхмæ, Цæгат Ирæй та ноджы фылдæр адæм. Туркæгтæ Чорохы ком- мæ æрбакалдтой 14 мин хæстоны. Иу дæлвæзы уыдон сæ уарт- тæй ацарæзтой лæгбæрзæнд цыппаркъуымон фидар. Уыцы уысмирон сæдæты раздзæуджытæ инæларæй бар райстой. тур- кæгты фидар батоныны тыххæй. Сразы сæ фæндоныл Кавказы наместник — инæлар Муравьев дæр. Ирæтты бæхтæ хæххои тæссаг зæйы æнкъуыст фæкодтой, сæ кæрдтæ æмæрттывд код- той, .афтæмæй туркæгты фидары сæрты фатау багæппытæ код- той ’ Санахъоты Хъæвдын, Цоциты Батрадз, Гæззаты Есе, Цхуырбаты Пидо, Ноне æмæ æндæртæ. Фæхуынкъ кодтой фи- дар æмæ иннæ æфсад дæр сæ фæстæ бакалдысты. Афтæмæй ирæтты фæрцы 4 мин хæстоны ныппырх кодтой 14 минон тур- каг цашайы æфсад. Уæд Муравьев йæ бинойнагмæ фыста: «Йрæттæ ма мæ иу дивизи куы уыдаид, уæд Хъарс иæ, фæлæ Стамбул дæр систаин». 1878 азы. Болгарийы Шипкайы æфцæгæй Немерович-Дан- ;605
Ва.хтанг Иван ченко ирæтты хъайтар тохы сæраппонд хъусын кодта Петыр- бухыгазеттæм: «Нрон хæстоиæн зындонæй хæйрæг куы кæнын кæнай, уæддæр æй йæ сыкъайæ æрбаласдзæн». Уыцы тохы дæр та стыр лæгдзинад равдыста Пидо. Уым инæлар Хъара- ты Георгийы фыд Дудар та иу уысмы 5 туркаджы кардæй. гкъуыхтæ кодта. 1944 азы Шипкайы æфцæг ссæрибар кæныны тохты сæхи хорз равдыстой Пидойы байзæттагæй дыууæ. Пидойы фырттæ Писыр æмæ Тотырадз æмæ йæ фырты фырт, рагон большевик Уасо сæхи нывондæн æрхастой мидхæс- ты, йæ фырты фыртМиштъа та фæмардфыццад дунейон хæсты. Дыккаг дунеон хæстмæ Цхуырбаты Бадилайы фырт Пи- дойы байзæттаг ацыдысты дыууадæсæй. Уыдон сæ кадджыи фыдæлты хъайтар традици ноджы фæхуыздæр кодтой. Пидо йе фоидз фырт æмæ уыдон фырттæн фæдзæхста: «æгаддзинад сæрмæ макуы бахæссут æмæ тохы быдыры знагмæ чъылдым’ макуы равдисут». Пидойы байзæддагæй авд сæ цард нывондæн æрхастой Райгуырæн бæстæйы сæрыл, фондзæй æрыздæхтысты . цæфтæй, хæстон хорзæхтимæ. Пидойы фырты фырт Иваны хъайтар ном хæсты азты æмæ уый фæстæ дæр хьусын кодтой быиæттон æмæ централон га- зеттæ, уый тыххæй Тбилисы уагъд æрцыд сæрмагонд плакат 1дæр. Уый хъомыл кодта Уæрæсейы æртæ революцийы активон хайадисæг, йæ хистæр æфсымæр Цхуырбаты Амбакойы хæ- 606
Садул Сергей дзары, куыста Тбилисы æфсæнвæндаджы, хæстмæ дæр ацыд. уырдыгæй. Пидойы байзæттагæй сеппæтæй фылдæр хæстон хорзæхтæ æрхаста Гиго. Уый райгуырд Уæллаг Къахеты зæхкусæг хæ- дзары, æнтысгæйæ каст фæцис Одессæйы тæхджыты скъола, фыццаг хæстон хорзæх райста Финляндийы хæсты. Гигэ, фæй- тæрд афицер уæвгæйæ, 1943 азмæ гитлерон фашисттыл бомбæ- тæ калдта, уыд хæдтæхджыты звенойы хистæр. Иу карз тохы Цхуырбайы фыртæн йæ хæдтæхæджы æрдæг знаджы снаряд. фæхаста, фæмард сты экипажы уæнгтæ, Гигойæн дæр уæлдæ- фы асастысты йæ дыууæ зæнджы, фæлæ хъæбатыр командирæн бантыст йæ парашют райхалын æмæ йæ туджы мæцгæ æрхауд. знæгты астæу, гитлероитæ хъавыдысты йе ’рцахсынмæ, фæлæ сыл Гиго банымадта йæ пистолеты нæмгуытæ æмæ йæ тугæй фæдгæнгæ йæ гуыбыны цъарыл æрбаирвæзт нæхионтæм. Нал сбæззыд хъæбатыр тæхæг хæстон лæгæн, æрыздæхт Ирыстонмæ 12 хæстон хорзæхимæ, куыста Знауыры æфсæддои къамисарæй, Дзæуджыхъæуы иу заводы директорæй æмæ æндæр бæрнои быиæтты. Гигойæп абон дæр йæ синты ис фашистон нæмыджы схъйс. Гигойы кæстæр æфсымæр Алексаидрыл 1943 азы сæххæст 607"
Никъала Алыксандр æстдæс азы, йæ ’райгуырæн боп æй æрæййæфта карз уæлдæфон тохы, алырдыгæй йæ уынгæг кодтой «Мессершмиттæ», нæ фæ- тарст уыдонæй æрыгон лæппу, йæ фæстаг нæмыг сыл бахардз кодта, стæй дзы иуы фыры цæф фæкодта, йæ разæй йæ цъæх- пиллон калгæ аскъæфта, ссыгъд йæ хæдтæхæг дæр æмæ, цæ- хæртæ калгæ, цæугæдоны смидæг, уазал улæнтæ арф баны- гæдтой æвзонг хъайтары. Уый райгуырдис Дæллаг Къахеты, Буденновкæйы хъæ- ^ы, ахуыр кодта Тбилисы æфсæнвæндаджы техникумы æмæ изазрæй та цыд тæхджыты клубмæ, уырдыгæй ацыд Бори- соглсбскы тæхджыты ахуыргæнæидонмæ. Тбилисы Александримæ ахуыр кодта йæ фыды æфсымæр Уасилы лæппу Никъала дæр (Къола). Цæрын нæ баитыст Уымæн дæр, дыууæ азы æхсæвæй-бонæй лæууыд фашйстты нæмыджы бын, мингай нæмгуытæ басыгъта йæхæдæг дæр гитлероиты сæрыл, Новороссийскы карз тохæй Къолайæн æр- пыд йæ «саугæххæтт». Нæ равдæлд сæ фыд Уасилы йæ фырттыл фæхъыг кæнынмæ, уый та партизанты рæнхъыты службæ кодта. Никъала дæр райгуырд Буденновкæйы 1920 азы, уым каст фæцис. 7 къласы. Афтæ цыбыр у хъæбатыр хæстоны ца’рд. Ацы дыууæ бæгъатырæй тохты амондджындæр фæцис се €0'8
Авгар Иван ’нна? фыды ’фсымæр — Иосебы фырт Серги. Уый дыккаг ду- иейон хæсты фæцис 1939 азæй 1945 азмæ, дзæвгар знæгты фæ- кодта зындоны хай, бавзæрста махонты фæстæмæ лæууынг тугкалæн тохы хъизæмар бонтæ Цæгат фронты, размæ бырсæн тохты фистæгæй фæлæгæрста Тихвинæй Прагæмæ. Æрыздæхт .Чæстон хорзæхтимæ æмæ хъазуатон куыст кæны Нинигоры колхозы. Сергийы хистæр æфсымæр Алекси райгуырд 1914 азы Уæл- лаг Къахеты Черекаулийы хъæуы, каст фæцис Тбилисы кус- фак, 1941 азы ацыд хæстмæ æмæ æбæрæг сæфт фæкодта. Ноджы уæззаудæр хъысмæт баййæфта Пидойæн йæ хис- тæр фырт — Писыры кæстæрты, уыдон цыппарæй фæцыдысты хæстмæ æмæ ма сæ фæстæмæ æрмæст сæ’ иу æрæздæхт. Уы- донæн сæ хистæр — Днмитр, хæсты агъоммæ ссис къадрон афицер, куыста Хъазбеджы районы ГПУ-йы хистæрæй, бай- йæфта йæ 1937 азы фыдазар, уый фæстæ бархийæ ацыд фронт- мæ æмæ æбæрæгæй фесæфтис. Сырх Æфсады афицер суæвын зæрдиагæй фæндыд Цхуыр- баты Абгары. Уый ахуыр кодта Бобруйскы æфсæддон ахуыр- гæнæндоны. 22 июлы 1941 азы фашистон тæхджытæ боныцъæ- лæй бомбæтæ æркалдтой хæстонты казарматыл, курсанттæй ма удæгас чи баззад, уыдон афтид трусикты фелвæстой сæ хотыхтæ æмæ æнæвгъау цагътой фашистон десаитты. Фæлæ фидæны афицертæн уый уыд сæ фыццаг æмæ сæ фæстаг тох знаджимæ. Абгар аирвæзт цалдæр курсантимæ, сæ ахуыр фес- ты Казаны, райстой лейтенанты чинтæ æмæ дарддæр тох код- 39* 609
той Ныгуылæи фронты. Уым Абгар æбæрæгæй фесæфг 1943 азы. Уып райгуырдис 1913 азы Дзауы районы Бадилаты хъæуы, каст фæцис Мхслебы райдиан скъола, Дзауы ШКМ. æмæ зоотехникум. Пидойы дыккаг фырт Къотейы кæстæртæ æртæйæ фæцы- дысты Германы хæстмæ æмæ сæрæгасæй æрыздæхтысты. Къо- тейы байзæттагæй стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыста Советон Æф- сады гвардион афицер Цхуырбаты Уахтанг. Уый райгуырдис Тбилисы. Уым каст фæцис астæуккаг скъола.,Уахтанг 1941 азы 25 декабрæн 1942 азы 18 маймæ Керчы æрдæгсакъадахыл цагъта^ гитлероп абырджыты. Уый Советоп Æфсадмæ ацыд 1940 азы, каст фæцис Тбилисы артиллерион ахуыргæнæндон, райста лейтенаиты чин æмæ, взводы командир уæвгæйæ, тох кæ- пын райдыдта немыцаг оккупантты ныхмæ. Цхуырбайы фырт активон хайад райста Сталинграды карз тохты, сæдæгай снарядтæ æнæвгъау фæуагъта знæгтыл. 1943 азы, артиллерийы капитан уæвгæйæ, Цхуырбайы фырт то- хы быдыры уæззау цæф фæцис æмæ рынчындоны фæхуыссыд 1945 азмæ. Цхуырбаты Уахтанг йæ хъæбатыр тохы сæраппонд райста æхсæз хæстон хорзæхы. Хæсты фæстæ Уахтаиг каст фæцис Гуырдзыстоны полптех- никон институт æмæ куыста Тбилисы инженерæй, бæрнон .бы- пæтты. Ныртæккæ кусы Тбилисы Сæрмагонд конструкторон- технологиоп бюройы директорæй, йæ хорз куысты сæраппопд; хорзæхджын æрцыд Гуырдзыстоны Сæйраг Советы Президиумы Кады грамотæнæ. Пидойы фæдонтæй тохы, куысты æмæ ахуыры фæстейæ никæмæй баззад сæ дзауаг æфсымæр Иван дæр. Уый/ знæтти фæстийæ сургæйæ, ныххæццæ Берлинмæ. Иван Гаврилы фырт райгуырдис Дзауы районы, Бадилаты хъæуы 1918 азы, каст фæцис хъæууонхæдзарадон техникум, æфсæддон ахуыргæнæн- дон, Хуссар Ирыстоны педииститут æмæ Цæгат Ирыстоньг хъæууонхæдзарадон институт. Иван хæстæй æрыздæхт хистæр лейтенантæй, 7 хбрзæхимæ. Куыста Цæгат Ирыстоны обкймы æмæ Министрты Советы бæрнон быиæтты, ныртæккæ дæр кусы республикæйы паддзахадон цæттæты хайады бæрнон бынаты. Советоп адæмы уæлахизмæ йæ чысыл бавæрд бахасга Гаврилы дыккаг фырт, гвардийы лейтенант Садул дæр. УыГг райгуырдис 1923 азы Дзауы райоиы Бадилаты хъæуы, касг фæцис Дзауы астæуккаг скъола, Цæгат Иры пединститут æмæ æфсæддоп ахуыргæнæндон. 'Садул активон хайад райста Кав: казы хъахъхъæнынады. Хæсты фæстæ райдыдта ахуыргæнæгæй кусып, ныртæккæ дæр ис уыцы бæрноп бынаты Садоны районьт. *
Цхуырбаты Ивак АВД ХÆСТОНЫ ХЪЫСМÆТ Кузма !жæджджиты сыхы хъал фæсивæд тымбыл симд кол- юй Цхуырбаты Бето æмæ Кекейы чындзæхсæйы. Цæрæг хæ-' дзарыл нымад уыд лæппуйы фыд æмæ па> хистæр фырты чыи- дзæхсæв адаргъ кодта, иу абонæй иннæ абоимæ. Бирæ зæрднаг’ гаджидаутæ фæуагътой урсзачъе хистæртæ. Æрцыдысты сæ^ куывтытæ Бето æмæ Кекейыл. Амондджын цард фæкодтой пу- мæ æвдай азы, схъомыл кодтой хорз зæнæг — цыппар фырты æмæ иу чызг, схъомыл кодтой сæ зæнæджы зæнæг æмæ уы- дон чысыл фыртты дæр. Фæлæ Фыдыбæстæйон хæст 25 азы ’ бæрц цæстысыгкалгæ фенхъæлмæкæсын, кодта, кæддæр сæхи тынг амондджын чи хуыдта, уыцы мад æмæ фыды се ’ртæ. фырт æмæ сæ чындзмæ. Кеке æмæ Бето бафæлмæцыдысты æнхъæлкæ кæсынæй, лостхæссæг-иу сын æрвылмæй сæ зынгхуыст æртæ фырты тых- хæй пенси куы бахаста, уæд-иу сæ фыццаг .фарст уыд, пæ лæппутæй фыстæг нæй, зæгъгæ. Аивгъуыдта се ’нус дыууæ, зæрондæн. 611
Тъатъе Вася Бетойы хистæр фырт Цхуырбаты Кузьма (’Кужа) — зæ- ронд большевнк, актпвоп хайад райста 1918 азы Цхинвалы рас- тады. Уыцы тохы Цхуырбайы фырт- райста фыццаг фæлтæрд- дзинад æмæ мндхæсты кæронмæ йæ хотых йæ къухæй нал æри- ста. Бацыд Хуссар Ирыстоны фыццаг партизанон бригадæмæ, дыккаг хатт та стох кодта меныпевиктимæ 1920 азы Дзауы дзыхъхъы, бавзæрста июны тохы уæлахизы цин æмæ басасты хъыгдзинад. 1921 азы февралы Цхуырбаты Кужа дæр астæумæ миты лæгæрста Гаглойты Сергийы полкимæ Тырсыйы ’фцæгыл мень- шевпкты фæсчъылдыммæ, Хъазбеджы районмæ. Сергийы къорды хæстонтæ Къобы фесты меньшевикты ныхмæ. Бацай- дагъ тох. Меньшевиктæй ма удæгас чи баззад, уыдон лидзып- мæ фесты. Кужа æрæздæхт сæ хъæумæ æмæ уæхскуæзæй æрæвнæлд- та ног цард аразынмæ. Уый уыд Мхслебы коммунайы колхоз æмæ совхозы активондæр организацигæнджытæй сæ иу, кæд ныр фæас, уæддæр совхозы куысты исы активон хайад. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг аз та Кужа ногæй хæцæнгарз йæ къухмæ райста æмæ йе сиахс Хъоцыты Алексн- имæ фæрсæй-фæрсмæ æрлæууыдысты Ирыстоны хохы цъуп- пытыл фашистон æрдонгты иыхмæ. Кужа æмæ Алекси, куынæг- гæнæг батальоны хъæбатыр хæстонтæ, хорзæхджыи æрцыдыс- 7Ы Кавказы бахъахъхъæныны тыххæй майдантæй. Алекси каст фæцис. Мæскуыйы финаисои-экономикон ипс- 612
•Рутен Лндæ титут, бирæ фæкуыста нæ областы бæриои бынæтгы, ныртæккæ дæр активон хайад исы коммунистон æхсæнады арæзтады. Уый йæ номдзыд хæстон каисты сгуыхтдзинæдтæ ноджыдæр бах- хæст кодта хъæппæрисон куыст æмæ пузæрдион тохæй. Бетойы дыккаг фырт — Тате хæсты агьоммæ куыста ахуыргæнæгæй Дзауы районы. Йæ бæллиц уыдис Октябры ав- дæн — Ленинграды горæт фенын. Ацыд уырдæм экскурсийы æмæ аскъуыддзаг кодта уым ахуырмæ бацæуын. Тат.е бацыд Ленинграды ветеринарон кусфакмæ, æнтысгæйоз йæ каст куы фа^цис, уæд æрыздæхт Ирыстонмæ. Куыста Дзауы хъæусоветы секретарæй, колхозы хынцæгæй. 1941 азы Татейы акодтоГг æфсадмæ. Чысыл бацæттæйы фæста* ’ '[ате цы ’фсæддон хайы службæ кодта, уый æрвыст æрцыд Хъырымы æрдæгсакъадахы тохы гуылфæнмæ. Цхуырбайы фырт радгай-дыгай æрвыста фашистты зындонмæ. Фæстаг æхст ма фæкодта, фæуагъта ма иу нæмыг йæхицæн дæр. Балбирæгътау æм згъорынц фыдгул знæгтæ. Тате дардыл пыззылдта фæстаг грапат æмæ цалдæр фрицы фæмард сты. " ’ Татейы уарзон æфсымæр Датикъо хæсты агъоммæ Сырх’ Æфсады сæххæст кодта йæ службæ, куыста Мхслебы чъыры заводы механикæй. Фроитмæ ацыд фыццаг мобилизацийы. Уый б!а
Датикъо Алекси активон хайад райста Хуссар фронты бæхджын дивизиты хъæ- Гатыр тохты. Фæстаг хатт бахаудис Керчы æрдæгсакъадахмæ æмæ уым хъæбатырæй мард фæцис 1941 азы декабры, Хъырым- мæ фыццаг десант куы баппæрстой, уæд. 1943 азы Советон Æфсады десантон операцийы Керчы æрдæгсакъадахыл фашисттæй йæ фыды æфсымæрты туг райс- та Кужайы хистæр фырт Вася. Уый 1942 азы йæ фыд, фронтмæ расткæнгæйæ, фæдзæхста: «Мæ хъæбул, дæлæмæ ма ’руадз ирон лæджы намыс, нæ партийы цытджын ном!» ., Цхуырбаты Вася фашнстон абырджыты сурын райдыдта Цæгат Ирыстонæй, тохгæнгæ ныххæццæ ис Таманы æрдæгса- къадахмæ æмæ уырдыгæй Советон Æфсады фыццаг къордимæ бабырста Керчы æрдæгсакъадлхмæ, йæ фыды ’фсымæрты ин- гæнтæ кæм уыдысты, уыцы зæхх ссæрибар кæныимæ. ., . Вася бнрæ рæвдыд зыдта йæ фыды ’фсымæртæй æмæ йæ ,маст æхсидгæйæ æрывнæлдта Керчы зæххыл фашисттæй уыдои ^туг исынмæ, æнæвгъау æвдæлон кодта хæдæхсы дисктæй’ иу ])ннгт?йы фæдыл. О, туг, дам, йæхион агуры. Агуырдта Вася дæр Керчы зæххыл нæ уарзон фыды ’фсымæрты туг. Цхуырба- 614
йы фырт гранатты бастимæ йæ гуыбыныл тагъд-тагъд бабырыд знæгты ныккæндмæ, уырдыгæй гитлеронты пулемет йæ хъæ- лæсæй цæхæр калдта махонтыл, бахæццæ Вася дæр, бахста рудзыигæй знæгтæн йæ «хуын», стыдта сын се ’мбæхсæны цур, цъæх пиллон суагъта. Тох дарддæр сцырын, цæгъды фыдгулты Кужайы фырт. Фæлæ йæ риуыл сæмбæлд знаджы суДзгæ нæ- мыг æмæ йæ оны сæрты ахызт. Йæ туджы мæцгæйæ йæ пæ- хиуæттæ рахастой удхæссæджы дзыхæй. Госпиталы фыдбоитæ, даргъ æмæ æнæхуыссæг æхсæвтæ фæсте аззадысты, тындзы иæ салдат ногæй фронтмæ, фæлæ Вася фронты раззаг хахмæ арвитынæп нал бæззыд. Арвыстой йæ хæдтæхджыты хотыхтæй ифтонггæпæг æхсæзмæйон курсы- тæм. Сахуыр кодта хæстон техникæ, райста кæстæр лейтенапты пом æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæудмæ куыпæг кодта гитлеронты. Цхуырбаты Вася Стыр Фыдыбæстæйон хæсты актлвон ха- йад кæй иста, уый тыххæй райста авд паддзахадон хорзæхы æмæ бирæ арфæтæ. Хæсты фæстæ Вася бирæ фæкуыста фæскомцæдисы Дзауы райкомы, ныртæккæ та кусы Дзауы райæххæсткомы социалон фæдзæхстады хайады хистæрæй. ’ Райгуырæн бæстæйы сæрыл сæхи пывондæп æрхастой Цхуырбаты Бетойы кæстæр фырт Руслан æмæ йæ бинойнаг Ли- дæ дæр. Рутен хæсты агъоммæ каст фæцис Ленинграды вете- ринарон академи, уым ссардта йæ амонд дæр. Куыддæр ахуыр фæцис, афтæ йæ акодтой Советон Æфсадмæ, райста афицеры ном, службæ кодта Неманы былыл. 1941 азы 18 июны Рутен йæ хомæ фыста, зæгъгæ, пыццæу- дзынæн нæхимæ тагъд мæ бипойнагимæ æмæ нын æрцæттæ кæнут чындзæхсæв. Ацы фыстæг ма фæндагыл уыд, афтæмæй райдыдта хæст. Гитлеронты бсæстон машинæ фыццаг боиты тылдис æнæрынцойæ. Гроднойы цур карз тохы аныгуылд йæ хур Цхуырбаты афицерыл. Уымæй ноджы фыддæр уавæры бахауд йæ бинойнаг Лидæ. Фыццаг Ленинградмæ бацæуæны Лужскы хъахъхъæдадон рубеж аразыны куыста, стæй та служ- бæ кодта Ленинграды куынæггæнæг батальоны рæнхъыты, судзгæ Ленинградæй ма рарвыста йæ мойы дзаумæттæ, фæлæ йæхæдæг уым мард фæцис знæгты бомбæйы схъистæй. ^
Гаглойты Владимир* УЫРЫССАГ БÆРЗБÆЛАС нæт æмæ тæссаг фæззæг. Тулæйы горæтмæ Оацæ- уæны сосæ фæндаджы былыл, нарæгаспæу, гуырвидыц чызгау.. бæрзонд фæцыд, сызгъæриндзыкку бæрзбæлас. Бирæ азты ацьз* ранæй фæлгæсы дардмæ. Уазæгуарзаг нæртон æфсинау «æгае цу» зæгъы, горæтмæ чи фæцæйцæуы, уыцы уазджытæн, «рæст- вæндаг ут», зæгъгæ, зæгъы горæтæй рацæуæг бæлццæттæн. Цал æмæ цал бæлццоны æрлæууыд ацы бæласы бын йæ фæл- лад суадзыимæ, цалыл баузæлыд, цалыл бацин кодта. Ныр дæрта æрцыдысты ардæм... Æрцыдысты... Йæ тæккæ- цурты гакъон-макъон акъоппытæ скъахтой æмæ, цыма, арды- гæй ацæуынмæ нал хъавынц, уыйау æрбынат кодтой. Кæмæ æнхъæлмæ кæсынц? Уазæгуарзаг у Тулæйы горæт. Горæтмæ хæстæг Ясная Полянайы райгуырдис стыр уырыс- саг фыссæг Лев Толстой, ацы ранмæ, Меккамæ цæуæгау,. кæцæй ие ’рцыдысты зæххы къорийыл алы рæттæй уазджы- тæ. Ам, ацы бæласы цурмæ-иу рацыдысты хæларзæрдæ уьг рыссаг фысымтæ цæхх æмæ кæрдзынимæ сæ уазджытыл фем- бæлынмæ. Æрбацæуынц ныр дæр... Фæлæ ныр цæхх æмæ кæрдзыньп 616
бæсты уырыссаг адæм хъуамæ сымбæлой кард æмæ топпьг нæмыджимæ сенæхонгæ уазджытыл. Ай-ай, хъуамæ сымбæлой, уымæн æмæ «æнæхонгæ уазджы- тæ» адæймагады стыр генитæй сæ иу—Толстойы фыдыуæзæ- джы фенынмæ не ’рбацæуыиц, фæлæ æрбахæссынц сау мæлæт семæ. Бирæ федта уырыссаг зæхх æддагон знæгты, бирæ хæт- тыты йæ ссæстой сæ цъыфæйдзаг цырыхъхъыты бын. Фæлæ уырыссаг адæм сæ сæр никуы æркъул кодтой. Æмæ та ныр дæр растадысты, уырыссаг адæмимæ иумæ, Толстойы райгуырæн уæзæг бахъахъхъæныны сæрыл тохмæ ардæм æрцыдысты нæ бæстæйы бирæ нациты фырттæ, уыдо- нимæ иррн адæмы фырт Цхуырбаты Сикъойы фырт Гаврил (Абро) дæр. Æхсæвы тар йæ сау пæлæз цадæггай систа зæххæй. Боны рухс бацыди йæ барты. Фæззыгон уазал дымгæ, цыма, фæди- сы тас йемæ æрбахаста, уыйау æрбасирдта акъоппыты сæрты. Бæрзбæласы сыфтæртæ цыдæр знæт сусу-бусу бакодтой. Тæккæ бæласы бын, бинокль йæ къухы, афтæмæй лæууы Гаврил. Йæ цæстæнгас скодта Ныгуылæны ’рдæм. Стыр уады размæ куыд ныссабыр вæййы, афтæ сабыр, æнæунæр уыд бæс- тæ. Фæлæ ныгуылæнырдыгæй .тынгдæр æрбалæбурдта дымгæ æмæ æрдзы сабырдзинад айсæфти бæрз бæласы сыбар-сыбу- рæй. Бæрзбæласы сыфтæрты знæт, тас сыбар-сыбурмæ йæ зæр- дæ ныссæххæтт кодта. Иæ цæстытыл ауад йæ райгуырæн уæзæг Додоты дзыхъхъ. Ацы хъæуы райгуырд 1916 ази, ацы ран апæр- рæстытæ кодтой, зæрватыччы лæппынтау, йе ’взонджы бонтæ. ,Ацы хъæуы базыдта царды ад, ацы хъæуæй йæ йæ ныййарджы- тæ 1920 азы ахастой хæхты сæрты Цæгат Ирыстонмæ. Хæрз сабийæ, ныййарæг мады фæлмæн зарджыты бæсты, хъуыста мады марой æмæтоппы гæрæхтæ. Æлгъаг меиьшевиктæ дæрæн æрцыдысты. Ныллæууыд ног рæстæг — Советон хицауад. Ног дуджы байрæзт, бахъомыл Гаврил. Фæци сæ хъæуы астæуккаг скъола, стæй ахуыр кодта горæт Цхинвалы медтехникумы. 1937 азы йæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм, уыд Фæскавказы æфсæддон окруджы 20 (æхсæг дивизийы 20 хицæн бастдзина- ды батальоны курсант. 1941 азы йæ ахуырмæ арвыстой Мæскуымæ. В. И. Ленины номыл æфсæддон-политикон ахуыргæнæндонмæ. Цалдæр мæйы дзы ацахуыр кодта æмæ йæ арвыстой Ныгуылæн фронтмæ 154 æхсæг дивизийы иу ротæйы политрукæй. Знаг æгъатырæй бырста нæ Райгуырæн бæстæмæ. Гаври- лы йæ ротæимæ, знагæн ахъаззаг цæфтæгæнгæ, фæстæмæ ра- лæууын бахъуыд. -Мæнæ ныр æрбынат кодта Тулæйы горæтмæ бацæуæнты æмæ ацы ран карз тохтæ хъуамæ самайа фыдгул- тимæ. 617-
Æмæ райдыдта уыцы æвирхъау тох. Фыццаг арвыл фæзын- дысты, сау халæттау, фашистон бомбæзгъалджытæ æмæ мæ- лæтхæссæг бомбæтæ æркалдтой Тулæйыл. Уый фæстæ гитлерон хотыхджын æфсæдтæ бырсын райдыдтой горæтмæ. Фæлæ сæ не ’фсæдтæ æрурæдтой горæтмæ бацæуæнты æмæ сын фæкодтой ахъаззаг цæфтæ. Тулæйы ^ горæты бахъахъхъæныны сæрыл цыдысты к’арз тохтæ. Хæцæнгæрзты æмæ топпы нæмгуыты аразæн куырдадз Тулæйы горæты хъæбатырæй хъахъхъæдтой совеюн æфсæдтæ. Знаг 1941 азы 29 октябры хæрзхæстæг бацыдис горæтмæ. Фашистон абырджытæ байстой Орелы горæт æмæ Мцеискы районмæ балæбурдтой, уый фæстæ, хæстон фæсауæрцтæ уыр* дæм бакалгæйæ, стыр тыхтæ æртымбыл кодтой Тулæйы горæты фæцæф кæиыны тыххæй. Бæрæг куыд у, афтæмæй фашисттæ фæнд кодтой, Тулæйы сисыны фæстæ, сæ тыхтæ кæй сараздзыс- ты нæ бæстæйы зæрдæ — Мæскуымæ. Фæлæ знаг фæрæдыд. Немыцаг инæларты фæндтæ æмæ Оæллпцтæ фæсыкк сты Совстон Æфсады хъæбатыр тохы руаджы. 29 октябры Тула*йы сисыиы сæрыл тохмæ фашисттæ æрба- кодтой дыууæ танкæйон дивизийы, иу фистæгон полк «Стыр Герман» 3000 салдаты скондæй æмæ æндæр æфсæддон хæйттæ. Сæнраг фæцæф сарæзтой скæсæны, Ясная Поляна æмæ Зылын хохы ’рдыгай. 80 танкæйы, мотоциклистты дыууæ ротæйы æмæ фашистон фистæг æфсады иу полк æрбалæбурдтой, Цхуырбаты Гаврил цы æфсæддон хайы уыд, уыцы хайы хъахъ- хъæдадон раззаг хахмæ. Фæлæ Тулæйы горæты хъахъхъæнæг советон хъæбатыр хæстонтæ сæ акъоппытæй нæ фезмæлыдысты Мæлæтдзаг тох сын бацандагъ бæрцæй æртæ хатты фылдæр знаджы æ’фсæддон тыхтимæ. Знаджы фистæг æфсад æмæ мото- циклистты дыууæ ротæйы ’фæхицæн æрцыдысты танкæтæй æмæ афтæма?й куынæг æрцыдысты хъахъхъæдады раззаг хаххыл. Советон хæ’стонтæ фенын кодтой, хъæбатыр салдатæн танк тæс- саг кæй нæ у, уый. Арæхстджынæй пайда кодтой танкы ныхмæ хæцæнгарз, гранатты б’аст æмæ бензинæй йедзаг æвгтæй. Уыцы тохы знæгтæ, 19 танкæйы тохы быдыры ныууадзгæйæ, стыр зиæнттимæ алæууыдысты фæстæмæ. Тулæйы хъахъхъæнджыты ахъаззаг ныхкъуырдыл сæмбæл- гæпа\ знæгтæ погæй æрбакалдтой стыр хæстон тыхтæ: 17-æм, 18-æм танкæнон дивизиты, 212-æм-æмæ 31-æм мотофистæг æф- сады дивизиты, æмæ æвæджиау ’бирæ артиллери. Дæс боны дæргъы иемыцæгтæ æнæрынцойæ бырстой горæты хуссары фар- сы ’рдæм. Дæс боны дæргъы знаг бафæлвæрдта горæтмæ бато- , ныны сæрыл 15 танкæйон атакæйы саразын, æппынæдзухæй ! æхстой горæто1 дардмæхсæг сарм’адзантæ æмæ минаметтæй. И\ талынг æхсæвы иемыцæгтæ танкæты судзгæ фарæтимæ рацы- €18
дысты атакæйы, фæлæ нæ дæр знаджы «психикон атакæ», иæ дæр сармадзанты æхст, нæдæр знаджы хæдтæхджытæ уæлдæ- фæй æппынæдзухæй цы бомбæтæ калдтой, уыдон басастой нæ хæстонты æнæнтау хъæбатырдзинад. Советон хæстонтæ уæндо- иæй æрурæдтой знаджы атакæты æмæ бирæ рæтты сæхæдæг аиыдысты контратакæты. Уыцы дæс боны тохты- немыцæгтæ Тулæйы сæрыл фесæфтой 150 танчы, дæсгай сармадзантæ æмæ хæдтæхджытæ, тохы быдыры ныууагътой знаджы фистæг æфса- ды æртæ полкæй фылдæр. Тулæйы сæрыл Советон Æфсады хъæбатыр тохы тыххæй 1941 азы 30 ноябры газет «Правда»-йы фыста партийы Тулæйы обкомы фыццаг секретарь, горæты хъахъхъæдады сæргълæууæг В. Жаворонков. Уыцы хъаГГтар хæстонты æхсæн Жаворонков ракодта не ’мзæххон Цхуырбаты Гаврилы æнæнтау тохы иу эпизоды кой дæр. Жаворонков фыссы, зæгъгæ: «Ротæйы полит- рук æмбал Цхуырбайы фырт фынддæс хæстонимæ иумæ ап- пæрста знаджы ротæйы атакæйы, йæхæдæг скуынæг кодта фыд- гулы танк, фондз автоматчикы, æмæ тохы быдырæй рахаста 12 цæф хæстоны». Жаворонков кæй кой ракодта, уый уыдис æрмæстдæр Цхуырбайы фырты ротæйы иу тохы эпизод. Æмæ цал æмæ цал уыдысты уыцы æвйрхъау тохтæ, Цхуырбайы фырты рæстдзæвин хæцæнгарзæй цал знаджы ссардтой сæ мæлæт, уымæн та æвди- сæн сты æрмæстдæр Тулæмæ бацæуæнтæ æмæ фæндаггæрок уырыссаг бæрзбæлас. Уыцы удуæлдай тохтæй сæ иуы тыххæй арæх æрымысы йæ- хæдæгЦхуырбайы фырт: «Уый уыд 1941 азы ноябры кæрон. Уы- цы бон мит фатхъулы онг рауарыд. Йæ ротæйы ма уæззау тох- ты фæстæ цы армыдзаг хæстонтæ баззад, уыдонимæ бадтæк акъоппы, бæрзбæласмст хæстæг æмæ æнхъæлмæ кастыстæм зна- джы радон атакæмæ. Фæлæ знаг ныхъхъус, никуыцæй зынд. Дзæбæх æрталынг, æхсæвы ирдгæ цъыччытæ кодта. Знаг иæ- хъуаджы нæ пыхъхъус, зыдта йæ зæрдæ æмæ цæттæйæ лæу- уыдыстæм ног æрбабырстмæ. Æмæ, æцæгæйдæр, фæзынд. Æр- мæст ацы хатт танкæтимæ нæ, фæлæ немыцаг салдæтты ротæ, ^Москировкæйы тыххæй скодтой урс дарæс, цæмæй сæ æхсæвы- гои митыл ма бафиппайдтаиккой, фæлæ сæ фæндæй ницы ра- уад* иу фæндзай метры бæрц куы æрбахæстæг сты, уæд сæ ба- фиппапдтам, æввахс сæ æрбауагътам, стæй сыл нызгъæлстам гранаттæ. Тох нын бацайдагъ. Раст уыцы рæстæджы фæнда- джы æрдыгæй æрбайхъуыст танкты унæр. Цы базонын ма нын æй хъуыд, зиаг кæй архайы хинæй. Фæндаджы былыл бæрз бæ- ласы бын æмбæхст уыд танкæты ныхмæ дыууæ хæцæигарзы. Уалынджы æрбазынд немыцаг танк фæзилæнæй. Гæрах æмæ йæ бынаты кыззылди, цъилау, дыккаг... æртыккаг. Уыцы æхсæвы тох цæуыл ахицæн, уый лал хъуыды кæнын, мæхи æрæмбæрс- тон рыпчындоны». 619
Тулæйы сæрыл хъæбатырæй кæй тох кодта, уый тыххæГг Цхуырбаты Гаврилы Советон Æфсады командæкæнынад схор- зæхджын кодта Сырх Стъалыйы орденæй. Рынчындонæй куы рацыд, уæд та ногæй амидæгис хæцæг æфсады рæнхъыты. • . Дзæвгар æмæ æгъуыстаг ст01 Цхуырбайы фырты хæцæнтæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианæй суангдæр йæ фæудма^ уыд фронты раззаг рæнхъыты. Уыд Ныгуылæн фронты, Хуссао- пыгуылæн фронты, Фыццаг Прибалтикæйы фронты. • Ротæйы политрукæй сырæзт 6-æм гвардион армийы 90 дивизийы 274 гвардион фистæг æфсады полчы командиры хæдивæджы онг. Райста гвардийы майоры чин. Фыдыбæстæйон хæсты мидæг не- мыцаг-фашистон æфсæдты ныхмæ "хъæбатырдзинад æмæ лæг- дзинад кæй равдыста, уыйдыххæй пæ Советои Æфсады Сæнраг командæкæнынад схорзæхджын кодта Сырх Стъалыйы, Фыды- бæстæйон Хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны ордентæй æмæ фондз майданæй. - Стыр Фыдыбæстæйон хæст Цхуырбайы фыртæн фæцис Прибалтикæйы æфсæддон окруджы. 1946 азы оцг службæ код- та æфсады рæнхъыты," стæй 1946 азы августы мæйы æрыздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ, ацыд Цæгат Ирыстонмæ. Службæ код- та Цæгат Ирыстоны Автономон РеспубликæйГы æндæр æмæ æн- дæр бынæтты. Уыд Цæгат Ирыстоиы Автономон Республикæ- йы Министрады Советы инспектор, ДОСААФ-ы Цæгат Прыс-' тоны республикæйы комитеты сæрдар, райæххæсткомы сæрда- ры хæдивæг æмæ æнд. Ныртæк^кæ Цхуырбайы фырт исы пенси æмæ цæры горæт- Тбилисы. Се ’фсымæр Гаврилау немыцаг-фашистон тыхæнисджы- ты иыхмæ æнауæрдрн тох кодтой Виктор æмæ Граф дæр. Виктор хъæбатырæй фæмард 1942 азы Цæгат Кавказы, Мæздæг- мæ хæстæг. Граф намысджынæй хæцыд фыдгул знаджы пыхмæ æмæ мард фæци Новороссийскы горæт ссæрибар кæныны сæрыл карз тохты. «. Лæууы горæт Тулæмæ бацæуæны фæндаггæрон уофыссаг Оæрзбæлас. Хæсты æвирхъау хъæдгæмттæй йæ туг фæкалд, знаджы нæмгуытæй йæ фæрстæ, сыхырнайау, ныххуынчъытæ сты, йæ къабæзтæ йын сармадзаны нæмгуытæ æрыхсæстой æмæ ма пæ ^зæнг хъилæй баззад, лæууы, абон дæр нæ ахауд, нæ фæ- калд. Йæ тæккæ фарсмæ схæцыдысты æндæр талатæ. Чындз- дзон чызджытау, нарæгастæу, гуырвидыц. Райсом хур куы скæсы, уæд ыл мидбылхудгæ сæмбæлынц, горæтмæцæуа^г бæлццæттæн зæгъынц «æгас цу», горæтæй рацæуджытæн та —- «фæндараст». ^г
Асаты Реуаз ЗЫНГХУЫСТ КЪАМИСАРЫ ФЫСТÆДЖЫТÆ 1цы хатт Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг ирон бæгъатыры хæстон эпизодтæ иыффыссыны традицийы фæрсты хъуамæ ахизон æмæ райдайон комкоммæ зынгхуыст къамиса- ры фронтон фыстæджытæй. Ам дзырд цæудзæн, немыцаг-фа- шистон тыхæйисджыты ныхмæ тохы 1944 азы Латвийы зæххыл хъæбатырæй мардфæуæг батальоны къамисар, гвардийы капи- тан Цхуырбаты Зауыры фырт Владимиры (Ладойы) диссаджы хъæбатырдзинадыл. Æмæ уыцы стыр лæджыгъæд æмæ хъару, æнæмæлгæ сгуыхтдзинад æмæ удыхъæд зынгхуыст ирон бæгъатыр йæ фыс- тæджыты сныв кодта æмæ равдыста, чи зоны сæ фыссæг куы’д афысса, уымæй æххæстдæр æмæ аивдæрæй. Уымæн æмæ уыцы •фыстæджытæ гуырдысты хæстоны зæрдæйы комкоммæ хæсты быдыры æмæ сæ фысгæ дæр кодта йæ цæхæр зæрдæйы тугæй. Уыцы фыстæджытæ хæсты райдианæй суанг 1944 азы 15-æм сентябрмæ цыдысты æмæ цыдысты мæнæ ахæм адресыл: Хус- сар Ирыстоны автономон область, горæт Сталинир, Джапари- 621
изейы уынг, хæдзар № 30, -Харебаты Александры чызг Надеж- дæмæ...1 «6. 9. 1941 аз. Салам Надя, Валя æмæ Русикæн. Уæ .бонтæ хорз, мæ зынæргътæ, арфæ уын кæнын бæрæгбоны сæраппонд. Бафæнддзæн мæ, цæмæй ацы азæй 1942 аз арвитат хъæлдзæг- дæр бæрæгбои. Æз дæн удæгас æмæ æнæниз. Тагъд æхца райсдзынæн æмæ уын арвитдзынæн. Æз зонын, Надя, ныртæк- кæ æхцахъуаг уыдзыиæ. Валя æмæ Русик, æрцæут ’ «мæнмæ, тынг уæ мысын, хатт мæ сæр разилы, афтæ тынг уæ ’рымысын. Фæлæ ме ’рцыдмæ банхъæлмæ кæсут; æз уын Берлинæй кук- лæтæ ’рхæсдзынæн. Валя, дæхæдæг зоныс, фашистты скуыцæг кæидзыстæм æмæ уый фæстæ æрыздæхдзынæн. Надя, суг уып пæ пыууагътон æмæ уæм мæ зæрдæ ’хсайы. Мæ цинелаг мын ауæй кæн æмæ дзы зымæгмæ уæхицæн истытæ балхæи. Арæх- дæр мæм фысс фыстæджытæ, дæхæдæг зоиыс, уæд мæ зæрдæ ’ноджы фæрухсдæр вæййы. Цымæ Русик цы хуызæн сси, йг:- хуыз нæ аивта, дзурын зоны æви нæма? Салæмттæ сегасæн дæр. Уæхи Ладо, Баку». 18. 3. 1942 аз. Салам уын фронтæй! Фæбæрæг мæм кæн, мæ чысылтæ Русик æмæ Валя куыд рæзынц, ^ый тыххæй. Дæ хъус сæм хорз дар, æвæгæсæгæй сæ ма иыууадз. Фысс мæм ахæм адресыл: Быдыроп пост 152. Салам уе ’ппæтæн дæр, пъа- тæ уын кæпын. Уæхи Ладо. 27. 3. 1942 аз. Падя, дæу фæнды ’базонын, кæм дæн, уыйг Æз дæи фронты. Æндæр ма дын æй куыд бамбарын .кæнон, намæ дæ цæмæн хъæуы афтæ лыстæггай? Мæнæ ацы пæмттæн... сæ сæйраг хъæрнывтæ бакæс æмæ йæ базонай. Тынг хъыг кæ- нын, Бакуйы мæ кæй нæ ’рыййæфтай, ууыл. Фæлæ ницы кæны, æнæхъуаджы мæт кæныс, фæсхæст сымбæлдзыстæм. Дæхæдæг æмбаргæ дæ, мæ мæт ма кæп. Æнæмæн .уып ницы уыдзæп, фæлæ Райгуырæн бæстæйы та хъахъхъæнын хъæуы. Бузныг дæдæн, мæ сабиты мын афтæ хорз кæй хъомыл кæиыс, • уый тыхх’æй. Уый у советон сылгоймаджы, коммуиисты æгъдау. Мæп тынг уырны, нæ сывæллæттæ хъомылгонд кæй æрцæу- дзысты коммунизмы зондахастыл. Надя, арæх мæ зæрдыл æр- ^ лæууы Русик, чингуытæ-иу куыд ныппырх кодта æмæ-иу æм ды куыд хæцыдтæ, фынджы бын-иу куыд бырыд йæ зонгуы- тыл æмæ-иу сынтæджы бып куыд бамбæхст. Ныртæккæ йыл цæуы 3 азы æмæ иу мæй. Ныртæккæ хæсты арæх нал вæйпын, æдыппæт дзы уыдтæн дыууæ хатты, æнæуи æввахс у. Хæдзары цæрæм - æз æмæ нæ командир. Цард хорз у. Æрмæст дæуæй фыстæг куы райстон, уæд мæм сихор хæрын нал цыдис. Тагъд мын ногæй æфсæддои пом ратдзысты. Рæхджы «Известия»-йы мæ ныв рацæудзæн æмæйæ фендзынæ. 20. 3. 42 азы фыццаг фарсыл мыхуыр уы- ;] Фыстæджытæ лæвæрд цæуынц хронологнон æгъдауæн. 622
дысты нæ нывтæ. Иннæтæ куы рацæуой, уæд дæм дзы арвит- дзыиæи, куыддæриддæр нын сæ Мæскуыйæ схæссой, афтæ. рарвит мын сывæллæтты, стæй дæхи ныв дæр. Цæн, фснынмæ уал, тыхсын уыл стырæй-чысылæй. Уæхи Ладо. 14. 4. 1942 аз. Надя, æз дæн æнæниз æмæ сæрæгас, мæхи чынг хорз æнкъарып. Дæ куырдиат дын сæххæст кодтои, æрви- тын дын фотонывтæ. Мæ фарсмæ бады ме ’мбал Какурнн, нæ фæстæ лæууы не ’ннæ кусæг, хистæр лейтенант Яровой. Иннæ- тæ сты пæ дæлхайы хæстонтæ æмæ командиртæ. Ацы фотоньж- тæ фендзынæ газеты, иуæй-иутæ дзы мыхуыр уыдысты. Кæсыс ацы сурдымæнмæ? Мæнæ уыдон та систам хæстон хæс æххæсг- гæнгæйæ. Райсом райсдзынæн мызд æмæ уып арвитдзынæп 1200 сомы. Мæ къух æрфыстон 1200 сомы аргъ æфстауыл. Са- лæмттæ нæхиуæттæн иууылдæр. Уæхи Ладо. 16. 5. 1942 аз. Надя, рапстон дын, 1-æм майы кæй фыстай, дæ уыцы фыстæг. Уымæн йæ мидис хъæздыг у, æмæ афтæ да?р хъуамæ уа. Дæ фыстæг дын мæ комаидиртæн кастæп <гмæ сæ зæрдæмæ фæцыдис, арфæ дын кодтой дæ патриотизмы тых- хæй... Мæхæдæг æнæниз дæн. Цæрын тынг хорз,- мæхн уым куыд хатыдтон, уымæй бирæ хуыздæр хатын. Уалыйы фыртмæ фыстæг бæргæ арвыстон, фæлæ мын дзуапп нæ радта. Афтæ æмæ’йын афтæ. Кæд лæг у, уæд ардæм рацæуæд... Цæй, уый хуызæттæ дымды æмæ хæйрæджы хай фæуæит. Фæлæ мæм Юля цы фыста, уый цæсгомджынæй æххæст æрцæудзæн. æм- бал • Сталины бардзырд, æвæццæгæн, бакастыстут. Уый дæр æмбæлон æгъдауæй æххæст æрцæудзæи. Немыцаг цъаммæрт- ты скуынæг кæндзыстæм. Алчи дæр сæ ссардзæп совстон зæх- хыл йæ мæлæт. Надя, о, уый ма дæм фыссинаг уыдтæи. Де ’рвитæггæгтæ дыи райстон 1-аг маймæ. Тынг хъæздыг хуын уыдис, уæлдай- дæр, гуырдзиаг сæн цы пасылкæйы уыдис, уый. Авгыл фыст куы ауыдтон, уæд æнæ радзур-бадзурæй анызтон гуырдзпаг æмæ нрон адæмы цæрæнбоны тыххæй, æрымысыдтæн Райгуы- рæн бæстæйы ном дæр, кæй зæгъын æй хъæуы. Дæ фæдзæхс- тытæ радзырдтои мæ хæстонтæ æмæ командиртæн. Ныфс длэ уæд, æххæст кæй æрцæудзысты цæсгомджыиæй. Æмæ ма ноджы: мæ чысыл абырæг йæхи куыд хаты, куыд рæзы? Ныртæккæ ууыл цæуы 3 азы æмæ 84 боиы. Салæмттæ. Дæхи Владимир. Æхсæвы 3 сахатыл. 10. 6. 1942 аз. Тагъд ныддæрæи кæндзыстæм немыцаг тыхæйисджыты æмæ уæд дæуæн дæр, мæнæн дæр æмæ Райгуы- рæн бæстæн дæр уыдзæн æнцондæр. Иадя, мæн тыххæй ма тыхс. Æз дзæбæх цæрын. Фронты æрмæст æз миййаг пæ дæп, мемæ ис æнæхъæн Советон Цæдис, уыцы пымæцы ды дæр. Надя, фæнды мæ фехъусын дын кæнон иу мæгуырау хъуыддаг. Гасситы Лентойы бинойнаг мæм фыста йæ лæджы тыххæй (’Дзауы районы раздæры" тæрхоигæнæг, фæстаг рæстæджы та 1323
Мхслебы колхозы сæрдарæй куыста). Ардæм æрцыдыстæм иу- мæ, куыста ротæйы политрукы бынаты æмæ мард фæцис ацы аз 12-æм марты. йæ усмæ йын ницы ныффыстон уый тыххæй, фæлæ йын æй ды искæмæн бамбарын кæнын кæн: кæнæ мæп- мæ ашлиционерæй чи куыста, уыцы Гасситы Гришæйæн кæнæ та Сергойæн. Надя, гæнæн нæй, хæст хæст у. Дæхæдæг зоныс, мах хъахъхъæнæм Райгуырæн бæстæ. Надя, нæ постхæссæг мæ фарсмæ бады, мæнмæ æнхъæлмæ кæсы, æндæра дæм фыл- дæр афыссин. Уæлдæфæй нæ знаг хъыг дары æмæ йæм хъуа- д!æ акæсон. 3 сахатыл. Дæхи.Вл. Зах. 2. 6. 1942 аз. Салам мæхи Надяйæн... Нырма мах бадæм, курортнпктау. Дарддæр кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ нæ бад- дзыстæм. Хæцыи дæр хъæудзæн знаджимæ. Дысон уæ фымы федтон æмæ абон хъæлдзæг дæн. Ладо. «1. 9. 42 аз. Надя, ды, æвæццæгæн, радиомæ хъуыстай æмæ кастæ газеты, мах куыд хæцыдыстæм, уый тыххæй, немыцаг пъаммæрттæн хъыцъыдæттæ куыд бадардтам, уый тыххæй. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый уыдонæн нырма чысыл у, æрцæудзæн ахæм рæстæг, æмæ сæ дæрæн кæндзыстæм сæхи зæххыл. Надя, дæу фæнды, цæмæй дын мæнмæ æрцæуыны гæх- лæтт арвитон. Цæмæн дæ хъæуы? Æз дын фæдзæхсын мæ сы- ьæллæтты, зил сæм, хъомыл сæ кæн, ам та нæхæдæг феныи кæндзыстæм фыдызнагæн. Ды фыссыс, немыцæгтæ нæм æввахс сты, зæгъгæ. Ныртæккæ Кавказы уыдона^й чч ис, — иууылдæр куынæг æрцæудзысты. Уыдон никуыуал фендзысты нæ дæр сæ устыты, нæ дæр сæ сывæллæтты, уымæн æмæ уыдон æнæвгъа- уæп марынц сабиты æмæ сылгоймæгты. О, уыдон марынмæ «хъайтартæ» сты. Ахæм сырдон миты тыххæй фиддзысты сæ тугæй. Фенынмæ уал, дæхи Ладо. . 1/. 10. 1942 аз. Тагъд ныддæрæн кæндзыстæм гитлерон цъаммæртты, ссæрибар кæндзыстæм æппæт советон адæймæг- ты æмæ нæ алчи дæр сæмбæлдзæн йæ бинонтыл. Надя, арæх- дæр мæм фысс. Дзырд дын дæдтын æмæ дæм социалистон ерьь сы сидыи, æз дæм æрвылбон дæр кæй фысдзынæн фыстæджы- тæ. Рарвцт мын Джиоты Архиппы, Бестауты Суликъойы, Цхуырбаты Сардионы æмæ Тедеты Абрамы адрестæ. Уыдом ям, кæмдæр хæстæг сты. Дæхи Ладо. 24-00». 26. 11. 1942 аз. Цхуырбайы фырт йæ фыстæг рарвыста посты къамыл. Иæ фыццаг фарсыл: немыцаг фашист туг- ахуыст джебогъ ныддардта советон сылгоймаг æмæ йæ чысыл сывæллонмæ. Нывы бын фыст ис: «Сырх Æфсады хæстон, фер- вæзын сæ кæн!» 2. 12. 1942 аз. Фыстæг дæ рагæй нал райстон. Мæ зæрдæ уæм тынг æхсайы. Æз хуыссын æмæ уæм афтæмæй фыссын. Сынæниз дæн, фæлæ нырма нæ сыстадтæн (æвæццæгæн, цæф 1 фæцис тохы быдыры — А. Р-.). Пъатæ кæнын уе ’гасæн дæр 1 Валя, Русик æмæ -иннæтæн. Уæхи Ладо. • '*' ш 624
Дарддæр цы фыстæджытæ хъуамæ æрхæссæм, уыдоныл ны- •сан нæй нæдæр бон, нæдæр аз, фæлæ сæ хъуыдымæ гæспь хъуамæ 1942 азы фыст ой. «Надя, æрцæудзæн та ахæм рæстæг, æмæ та иумæ цæр- дзыстæм. Куы ныццæуин ардыгæй, уæд цалынмæ ныххæццæ уа- ин, уалынмæ уын нæ фехъусын кæнин, афтæмæй уæм æвиппай- ды бамидæг уаин æмæ уегасæн дæр фæпъатæ кæнин. Дæу фæнды базонын, фронты дæн, æви нæ. О, архайæг æфсады дæн, хæцыдтæн цалдæр хатты, ссæрибар кодтам къорд цæрæн лункттæ, ныддæрæн кодтам немыцæгты. Мæхæдæг хæрзæв- вахсмæ фехстон иу афицеры, уæлдæр ордеи — Æфсæйнаг дзуарæй хорзæхджын чи уыд, ахæм. Уымæй уæлдай ма мæ хыгъды ис фондз немыцаджы. Æз афтæ ’нхъæл дæн æмæ сæ схæццæ кæидзынæн 100-мæ, чи зоны, 200-йы онг дæр. Афтæ ма ’ихъæлут, æмæ мах ам æнæхъуаджы бадæм». Цхуырбаты Ладо дарддæр фыссы: «Нæ сæйраг хæс у, немыцæгтæ нын иæ зæххæй рæстæгмæ кæй байстой, уый уыцы абырджытæй тагъддæр ссæрибар кæ- нын. Ныртæккæ цæрæм сабыр. Стæм фронтгæрон хъæды. Хæрд — хорз. Æрмæст мæ ахсæн риссы æмæ мæ хæрын нæ уадзы. Мæлынæй мын ма тæрс, æз дæр демæ разы дæн, удæга- сæй кæй баззайдзынæн, уый тыххæй. Ныртæккæ дæн армийы масштабы кусæг, мемæ иууыл стыр адæм сты. Раст дын куы зæгъон, уæд мæ тынг уарзынц хицæуттæ». Надя, дæумæ диссаг цы фæкæсид, ахæмтæ дæм ныффыс- син, фæлæ куы нæ айсай ацы фыстæг. Цæй, куы ныццæуон, уæд дын сæ фæдзурдзынæн. Иуран бахаудтæн æмæ мын раирвæ- зæн нал уыд. Тагъд нæмгуытæ чи калы, уымæй мæ æхстой, стæй мæ аууон дыууæйæ схуыссыдысты, иу дзы амард, ин- иæ — фæцæф, æз удæгас баззадтæн. Цæй, дис мацæуыл кæн, диссæгтæ нырма фæстейæ сты. «26. 8... Уыдон (ома немыцæгтæ) сæ бынат ссардзысты, ныртæккæ кæм сты, уым. Нæ Кавказы быдыртæ хъæздыгдæр уыдзысты сомбон, дæтдзысты хуыздæр тыллæг». Банысанкæнинаг у, Цхуырбаты Владимирæн йæ лæппу Со- ветон Æфсады сырæзты бон кæй райгуырдис, уый. 1942 азы гвардион дæлхайы къамисар йæ фæстаг фыстæджытæй сæ луы фыста: «Русикæн арфæ кæнын, йæ райгуырдыл æртæ азы, ома Кусæг-Зæхкусæг Сырх Æфсадыл 24 азы кæй сæххæст, уый сæ- раппонд. Бæргæ мæ фæнды уыцы бæрæгбон сымахимæ иумæ куы арвитин, фæлæ нæ хъайтарон Сырх Æфсад йæ бæрæг бон «æрвиты» немыцаг тыхæйисджытимæ тохы быдыры. Надя, æр- витын дын посты 2000 сомы, фæндыдис мæ фылдæр арвитын, •фæлæ мын сæ посты нæ айстой. Хæсгæ та сæ мæ кусæг бакод- та. Æз цуаны ацы’дтæн дыкъахыг сырдтæ марынмæ. Æцæг мын знæгтæ мæ удæй схъазыдысты, фæлæ сын аслам не слæууыд... 40* 625
Тынг уæ мысын, афтæ æмæ йæ нæ уромын. Кусын къамисарæй бæхджын æфсады. Мызд исын 1250 сомы. Салам Гришæйæи æмæ Верæйæн, хæстæджытæн иууылдæр. Рутен хæстæй цы фыссы? (уый Ладойы кæстæр æфсымæр уыд, хæстæй нал æры- здаёхт). «8. 2. 1943 аз. Дæ бон хорз, Надя! Мæсты мæм ма кæн, кæй дæм нæ фыссын, уый тыххæй. Мæ аххос нæу, мæ иог адрес нæма зонын. Ныронг ды мæ алы фыстæг дæр истай 40—45 бо-' ны бафæстиатæй. Ныр фæндаг ссæрибар кодтам æмæ мын мæ фыстæджытæ исдзынæ 7—10 бонмæ. Кæм куыстон, уым нал дæн. Аразынц нæ æндæр æфсæддон хай. Цæрын иу хæдзары, чи мæм зилы, уыцы сырхæфсæддонимæ. Хæрд — фаг, улæфыи хорз. Чи зоны ахауон нæхирдæм, Дзæуæджыхъæумæ, уым цы бæхджын æфсæдтæ ис, уырдæм. Ацы фæстаг рæстæджыты уы- цы немыцаг куыйтæй дæр никуы амардтон. Валерийы (ома Русикы) гуырæнбон ныр дыккаг аз æрлæу- уыдис æнæмæи. Мæ бон ын лæвар арвитын нæу, фæлæ Сырх Æфсады лæвар Райгуырæн бæстæйæн зынаргъдæр у æппæт’ лæвæрттæи. Раст ацы бон не ’фсад фæцæф кæндзысты фрицты, сæ бæрзæйтæ сын ныссæтдзæн, ссæрибар кæндзæн цалдæр го- рæты æмæ уын уый уыдзæн нæ лæвар. Цæй, фенынмæ уал, 23/11. Мæ бæсты фæпъатæ кæн Русикæи. Уæхи Ладо». ...«1943 аз. Надя, нæхицæй куы цыдтæн, уæд Русик дзурып нæма зыдта æмæ йæ фыиæйæ ныууагътон. Хъуыды ма кæныс, ды куыдтай, мæхæдæг та цин кодтон, афтæ раджы мæ кæй акодтой, уый тыххæй. Æгайтма дын, уым сæ устыты цур чп бады, уыдон хуызæн нæ дæн. Уыдон бæрны бакæнæн ис æр- мæст бындзытæн, хæстонтæ сæм ничи радтаид. Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнынц, æрмæстдæр мæлæтæй чи нæ тæрсы, ахæм хъайтартæ. «29. 3. 1943 аз. Æрцæуæн мын ис æрмæстдæр хæсты фæс- тæ, уымæй раздæр уын ницы ныфс æвæрыи. Ацы уысм æрбаз- дæхтæн хæстæй. 11 боны иæ баулæфыдтæн, райсом раджы цæ- уын фæстæмæ. Ладо». Æфсæддон фыстæгыл мыхуыр ис: «Мæлæт немыцаг окку- паиттæн!» «24. 8. 1943 аз. Дæн • дард командировкæйы, 3 километры Зæронд Уæрæсемæ (ома горæт Старая Русса — А. Р.). Надя, сныр кæм дæн, уым куы уаис æмæ куы хъусис, уæд диссаг у, — зæхх æмæ арв иу кæнынц гыбар-гыбурæй. Ацы дыууæ боны бакæсдзынæ газеты, кæм дæн, уый. Æз дзæбæх дæн. Рутенæй цы хъуысы?» 5. 12. 1943 аз. Абон цæуын дарддæр фронтмæ. Раст зæгъ- гæйæ, мæи ам нал фæндыдис, нæ салдæттæ хъæлдзæгдæр вæй- йынц фронты. Ам та цæрæнт, чи дзы фæцайдагъис, уыдон. Алы зындзинæдтæн дæр бафæразут. Ныффысс мæм, цас сырæзг Русик. Æз сымахмæ дард дæн, фæлæ мæхи афтæ ’нкъарыи,. 626
цыма уæм хæрзæввахс дæн. Надя, æммыст уæм иу 5 уыс- мы бæрц искуыцæй бакæс, æндæр мæ ницы хъæуы зæххы цъарыл, уæд уый фæстæ мæлын зын нæ уаид. Ныр уæ 3 азы нæ федтон’ æмæ мын, кæй зæгъын æй хъæуы, зын у. Ох, куыд хорз æмæ диссаг уаид, дуар уæм куы фегом кæиин æмæ уæм куы бамидæг уаин. Зæгъ-ма, цæй аргъ уаид, уый? Ныр Руслан, æвæццæгæн, радугъ-бадугъ кæны æмæ хъæрæй дзуры, æз та йæ нæ уынын æмæ нæ хъусын. Фæлæ ’рцæудзæн рæстæг, æмæ мæ бæллиц сæххæст уыдзæн. Уыдтæн госпиталы, сайгæ да; кодтон «курсыты дæн», зæгъгæ. Ныртæккæ æнæниз дæн, мæхи хатын онгрог æмæ хъæбатыр, цин кæнын, тагъд та ногæй фрон- ’ш кæй уыдзынæн, ууыл. Тел дæм ратдзынæи горæт Торопе- цæй, кæннод мыл иæ баууæнддзынæ. Уазал кæныи райдыдта, фæлæ æз хъарм конд дæн, тас мын нæу. 15. 12. 1942 аз. Æз В. Волочокæй 6/ХП æрцыдтæн Боло- юемæ. Чидæр мын загъта, зæгъгæ, дам, ам уæ горæтæй ис иу лæппу. Æз æвиппайды номхыгъдтæм æркастæн æмæ дзы фыст уыдис: Санахъоты Никъалайы фырт Владимир, уый, æвæццæгæн, Санахъоты Ладо у. Æз æй æвæстиатæй агурын райдыдтон, фæлæ уæдмæ, ацыдис æфаæддон хаймæ. Стыр, æхсызгон мын уыдаид йæ фенд, рагæй хæлæрттæ стæм, тынг хорз лæппу у, хистæр лейтенанты чин ын ис. Уегасæп дæр салам, пъатæ уын кæнын, уæхи Ладо. 29. 1. 1944 аз. Посты къамы фыццаг фарсыл сылгойма- джы къухы ис сармадзаны нæмыджы ныв. Иæ бынмæ фыст ис æмдзæвгæйы* куплет:, «Чтоб гром орудии разметал Орду фашистских гадов, Дадим сверхплановый металл Для пушек и снарядов!» Тохвæлтæрд хæстон къамы дыккаг фарсыл фыссы хими- кон карандашæй: «Боныгъæд æвзæр у. Абон цæуын хæстмæ. Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Бонтæ цæуынц<æмæ фарн хæссынц. Уыцы æнаккаг немыцы хъуамæ атæрæм. Рæстæг нæй фыссынæн, стæй къух- тæ.дæр сийынц. Пъатæ уын кæныи, мæ æртæ зынаргъæн, зæрдиаг салам, уæхи Ладо». 9. 2. 1944 аз. Æрвитын уын фронтон æмæ гвардион салам æмæ бирæ фæндиæгтæ. Тох кæнын фрицты ныхмæ. 23 февралы фондз азы æххæст кæны мæхи Валерикыл. ’ Кæд уыцы бон удæгас он, уæд йæ цæрæнбонты тыххæй æнæмæнг баназдзынæн сæдæ граммы, æндæр мæ бон ницы у. Ууыл фæуд кæиын мæ фыст. 23. 3. 1944 аз. Надя, 8-æм марты дæ фыстæг райстон. Æз хæцыдтæн, хæцын а?мæ тох кæндзынæн знаджы ныхмæ. 627
Мæ чысыл Валя, ды мæм фыстай нырыонг. Цæуылнæ уал фыссыс? Дæ мад мæм фехъусын кодта, скъоламæ кæй цæуыс æмæ иттæг хорз кæй ахуыр кæныс, уый. Мæ зынаргъ фырт Валери, мæхи бæсты дæ ныууагътон хæдзары, уырны мæ, хорз хæдзары хицау кæй уыдзынæ. Мæ зынаргъ Русланчик, æз бирæ немыцæгты амардтои. Надя, æз * дын хъуамæ цыбыртæй радзурон мæ хæстон царды фæдыл. Ныр 3 азы дæн фронты, хайад исын тохты, 3—4 хатты фæцъæррæмыхстытæ дæн, фæлæ уæддæр хæцын на> Райгуырæн бæстæйы мæнгард знаджы ныхмæ. Дæ фыстæджы мæ фæрсыс, 8-æм марты цы арæзтон, уымæй. Æз уыцы боны æрлæуд нæ базыдтон, уымæн æмæ райсомы æхсæвыцъæхæй суанг усихорафæттæм бырстам немыцæгтæм. 6-*æм марты бацыдыстæм тохмæ æмæ немыцæгты асырдтам 12 киломе- тры æддæдæр. Сцырын сты иттæг стыр тохтæ. Фрицты куы атардтам, уæд знаг иу бæрзæндыл æрфидар ис, нæ ныхмæ рас- къæрдта 6 танчы æмæ 3 хæдтулгæ сармадзаны. Фистæг æфсад рацыд хъазуат бырсты нæ ныхмæ, сæ ным’æц махæй уыдис 3 — 4 хатты фылдæр. Æхсын нæ райдыдтой сæ артил- лери æмæ минаметон батареятæ. Мах кæм уыдыстæм, уыцы бынатмæ æрбахаудта æппынкъаддæрæй 1500 минæ æмæ сар- мадзаны нæмыджы. Фæлæ мах нæ позициты л’æууыдыстæм, æндон гæнахау. Уыцы тохы скуынæг кодтам знаджы дыууæ танчы æмæ 1 хæдтулгæ сармадзан, танкæйы ныхмæ хæцæн- гарзæй сæ фæцæф . кодта мйе . хæстонтæй сæ иу. Фашист- ты фистæг æфсæддонтæй иу дæр фæстæмæ нал ауагътам. Уый уыдис растдæр 8-æм марты. 9. 10. 11-æм марты тохтæ ноджы сцырындæр сты, фæлæ фрицтæн нæ зæххæй иу уылынг дæр нæ радтам. Уæд гитле- ронтæ нæ ныхмæ ’рбакалдтой иу дивизийы бæрц, фæлæ йын уæддæр радтам ахæм ныхкъуырд, æмæ йæ салдæттæ æмæ афицерты мæрдты стджытæ йæ бон æмбырд кæнын дæр нал бацис. 12-æй 15-æм мартмæ гитлеронтæм уыдыстæм 300 метры дæрддзæгæн, фæндыдис сæ махыл танкатимæ æрбалæгæрдын, фæлæ уыцы рæстæджы нæ уарзон «Катюшæтæ» фокстрот цæгъдын райдыдтой æмæ фрицтæ та уыцы кафт хорз кæнынц нæ гвардион минаметчикты æхсты рæстæджы. Фрицтæ иугай- дыгай уæлдæфмæ тахтысты. Ахæм рæстæджы зæрдæйæн тынгдæр æхсызгон вæййы фыстæг райсын. Знон нæ постхæссæгæн бардзырд радтон, зæгъын, мын хъуамæ фыстæг æрбахæссай, æмæ æцæгдæр æрба- хаста. Надя, æз ме ’нтыстыты тыххæй æппæлгæ нæ кæндзынæн, фæлæ кæд удæгас баззайон, уæд дæ бауырндзæн, дзæгъæлы кæй нæ бадтæн. Фриц тынг тæрсы гвардионтæй, æмæ мах уыцы цытджын н’рм никуы худинаг кæнæм. Махæн ис нæхи закъон — фрицты дæрæн кæн, кæмдæриддæр сæ уыныс, уым æмæ дæм к-æд нæ 628
зынынц, уæд та сæ ссар æм<æ ныммар! Уæдæ уал феныима:. ^æхи Владимир. 13. 4. 1944 аз. Надя æрвитын дын Советон Цæдисы Гимп. Курæг дæ дæн сахуыр æй кæн æмæ йæ бацамон Валя æмæ Русикæн дæр. Æз удæгас, æнæниз дæн. Дæхи Влад. 20. 5. 1944 аз. Надя, райстон газет, хорзæхджынты ’хсæн бакастæн Харебаты Алексийы æмæ Советон Цæдисы Хъайтар Хъоцыты Георгийы фырт Къостайы. Мæ бæсты сын сæ биноитæн раарфæ кæн æмæ мын Алексийы адрес рарвит тагъд. Бафæнддзæн мæ сымахæн уæ царды æнтыстытæ. Нæхионтæ куыдтæ сты? Уæхи Ладо. 26. 5. 1944 аз. Райстон дын дæ фыстæг. Райсом раджы цæуын раззаг хахмæ-. Куы ’рыздæхон, уæд дæм стыр фыстæг ныфысдзынæн æмæ дын фехъусын кæндзынæн мæ тохы фæсти- уджытæ. Знон рæствæндаг нæ фестæм, топпы нæмыгæй нын нæ бантыст иу фрицы дæр мæрдты бæстæ.м арвитын, фæлæ уый хыгъд мæ минаметчиктæ фæмард кодтой 15 немыцаджы бæрц. Абон райстам снайперон топпытæ æмæ тагъд кæнын раззаг хахмæ. Дæхи Ладо. 1. 6. 1944 аз. Цæмæй райдайон, уый мæхæдæг дæр нæ зо- нын. Цæрын иу æрхы; чысыл цæугæдоны цур. Райсомæй фæцæ- уын уыцы рæсугъд донмæ мæхи ’хсынмæ. Уыцы чысыл цæугæ- доны фæленк кæнынц лыстæг кæсæгтæ. Улæфты рæстæджы уыр- дæм фæцæуæм, ахсæм уыцы чысыл кæсæгты æмæ сæ фæстæмæ доны ауадзæм, тæригъæд сын кæнæм. Абон уарыд къæвда, фрицтæ хаттæй-хатт æхстой сармадзаны иæмгуытæ æмæ минæ- тæ. Се схъистæ ныл згъæлдысты, фæлæ сæ нæ минаметчиктæ ныссабыр кодтой. Знон сын змæст дон бадардтам, нæ минаметчиктæ сæ иу- ран бафиппайдтой æмæ сыл цæугæдонмæ ныккалдтой. Мæхæ- дæг удæгас дæн. Æнцой мæ нæ уадзы мæ ахсæн, фрицау мæ йæ ныхтæ ныссагъта, мæ бон дзы нал у. Валя æмæ Русик куыдтæ сты? Мæабырæг, æвæццæгæи, ныр чызджытимæ тезгъо кæндзæн. Ме ’рцыдмæ йын иу-хорз чызг ссарут, ус ын æрхæссут, уадз æмæ цæрæнт. Уæхи Ладо.' 14. 6. 1944 аз. Мæн хæцын хъæуы уæлахизы онг,< немыцаг æфсады бынтон ныддæрæн кæныны онг. Уый фæстæ хъуыды кæндзыстæм нæ царды уагыл. Дæхæдæг зоныс, удæгас адæй- маг йæхицæн бынат нæ фжары. (Къамисар ацы фыстæг æрыр- выста æфсæддон посты къамы, йæ цъарыл сынæнизуæвæг цæф хæстон, фронтмæ здæхгæйæ сырхдзуарджын медицинон хойæн йæ арм исы æмæ йын зæгъьг: «Бузныг, мæ зæрдиаг!»). 21. 6. 1944 аз. Æгæр æрæгмæ дæм фыстон, дæхæдæг æмба- рыс, — цæмæн. Фрицæн йæ адзал æрцæуы. 1942 азы дæм цы фо- тонывтæ арвыстон, уыдон мын ма ныппырх кæн. Фыстæджытæ исын Котикæй æмæ иуæй-иу чызджытæй, фæлæ сын дзуапп дæдтын 2—3 мæйы иу хатт. 629
Фенынмæ уал, немыцæгты кæронмæ ныддæрæн кæиыны æмæ уæлахизы бонмæ. Дæхи Цх. В.». Æмæ мæнæ зынгхуыст къамисары фæстаг фыстæг, уым афтæ зыны, цыма ирон хъæбатыр лæппу йæ адзал развæлгъау бамбæрста. Уыдис-иу ахæм æнкъарынад дæр хæсты. Фыстæг райдыдта уырыссагау æмæ йæ стæй фæирон кодта. Уый фыссы: «...Рутен, æвæццæгæн, 1942 азы бахаудта знæгтæм. Æз дæм фыстон айразмæ фыстæг, зæгъын, тынг зын уыдзæн, — уæд нæ ацыдыстæм (размæбырсты — А. Р.), — абон цæуæм. Ацы мæй хъуамæ асыгъдæг кæнæм, цы зæххыл стæм, уый. Кæд мæ- йы фæудмæ дзæбæх уæм, уæд — хорз. Тынг хъæбæр дæнг-дæнг }ыдзæн райсом. Кæд æмæ хабар хорз нæ уа, уæд ныффысдзы- пæ, æз цы хаххыл кусын, ахæм лæгтæм, æрмæст нæ хистæрмæ, æмæ дын уыдон фехъусын кæндзысты. Цæй, цы ма дæм ныф- фыссон хорзæй уæлдай. Алæбон дæм фысдзы’нæн 2—3 ныхасы, цалынмæ ацы мæй фæуа, уæдмæ. • Цæмæрацæудзæн, нæзонын, фæлæ иууыл хыл кæнын демæ. Цæй, хорзæй уал баззайут. Салæмттæ Иос, Пепе, Тикъуын, Нинæ æмæ нннæтæн се ’ппæтæн дæр — фыццаджыдæр Гришæ æмæ Верæйæн. Уе ’ртæйæн дæр пъатæ кæнын — Валичкæ, Валерик æмæ дæуæн. Уæхи Влад. 12. 9. 44». ...Хъæбатыр къамисары фыстæджыты ’хсæн ссардтон дыууæ цымыдисаг документы. Ныр уыдон систы нæ областон музейы знаргъ реликвитæ æмæ экспонаттæ. Сæ ’иу — «Рæстæгмæ бæл- вырдгæнæн № 797315» æвдисæн у, гвардийы капитан Цхуырбаты Владимирæн Фыдыбæстæйон Хæсты дыккаг къæпхæны ордеп № 17426 лæвæрд кæй æрцыд 1944 азы 6-æм августы: «немыцаг- фашистон тыхæйисджыты ныхмæ тохы фронты командæкæнына- ды хæстон хæслæвæрдтæ иттæг хорз сæххæст кæныны тыххæй» <Дыккаг документ та, Цхуырбайы фырт цы фронты хæцыдис, уый комæндæгæнæг, армийы инæлар А. И. Ерменко фыссы. «Лу- банскы цъыфдзæстыты ахизын у стыр хæстон сгуыхтдзинад... Ригæйы донбакæлæнмæ тагъддæр уæвын, знаджы Балты ден- джызы ныппарын æмæ уыдонæй æппæт Латвийы ссæрибар кæ- нын!» — ахæм у Райгуырæн бæстæйы сидт æмæ бардзырд. Уыцы хæстон стæр уыдис 1944 азы сентябры райдианы æмæ дзы активон хайад райстой ирон бæгъатыр хæстонтæ дæр. Нæ музей ССР Цæдисы Хъахъхъæнынады Министрады ар- хивмæ ныффыста фыстæг гвардийы капитан Цхуырбаты Захары фырт Владимиры хъысмæт лæмбынæг бабæрæг кæныпы тыххæй æмæ райстам дзуапп. «Уæ фыстæгæн уын дзуапп дæдтæм, 56 гвардион æхсæг ди- визийы 1944 азы 15-æм сентябры бардзырд №0250 иысан- чындæуы: «Гвардийы капитан, 256 гвардион æхсæг полчы 2-аг æхсæг батальоны камандиры хæдивæг(политикоп хайы) Цхуырбаты Захары фырт Владимир рацух æрцæуæд политикои кусджыты 630
иомхыгъдæй, куыд фæмардуæвæг, афтæ» (быпдур: сфыст 2, фонд 1175, хъуыддаг 48, сыф 96). Цхуырбаты В. 3. кæм ныгæд ис, уый тыххæй Хъахъхъæнына- дыМинистрады архивмæ зонæнтæ нæй. Архивон документтæм гæсгæсбæлвырдчындæуыд, ббгвардион <æхсæг дивизийы æфсæд- дои хæйттæ 1944 азы 15-æй 23-æм сентябрмæ карз тохтæ кæн кодтой ныхмæлæууæджы хъахъхъæдад атоныны фæдыл Сила- пы районы (горæт Мадоны цæгат-хурныгуылæн фарс). Бындур: сфыст 1, фонд 1175, хъуыддаг 1, сыф 18). Уый фæстæ зынгхуыст къамисары бинонтæм фыстæджыты астæу ссардтам Цхуырбаты Ладойы хæстои æмбал Иваи Ива- иы фырт Курочкины фыстæг (10. 10. 1944 аз). «Дæ бонтæ хорз, Надя, райстон дын, дæ лæг Цхуырбаты Захары фырт Владимиры номыл кæй фыссыс, уыцы фыстæг. Бæргæ тынг хъыг у, фæлæ дын хъуамæ фехъусын кæнон, дæ лæг 1944 азы 14-æм сентябры мард кæй фæцис. Хатыр мын ба- кæн, ныронг дын кæй нæ фехъусын кодтон дæ лæджы хъысма^- ты тыххæй, уымæн æмæ мын зын уыдис уыцы æбуалгъ хабары тыххæй фыссып. Æз æй мæхæдæг баныгæдтон Латвийы иу цæ- рæн пункты нæ советон æгъдæуттæм гæсгæ. Уый хорзæхджын уыд Фыдыбæстæйон Хæсты 1-аг къæпхæ- иы ордемæй æмæ дæм æй арвыстой цæрæнбонтæм æвæрынæи. Фидар æмæ ныфсджын у. Салæмттæ дæ сывæллæттæн. Мæ ад- рес: Быдыроп пост 28691 «ч». Курочкин И. И.». Цхуырбаты В. 3. райгуырдис Цхинвалы районы Мебруна- йы хъæуы 1910 азы. Сæ ныййарджытæн уыдысты 5 чызг æмæ 3 лæппуйы. Ладо райдиан скъола каст фæцис Дампалеты. Каст фæцис ахуыргæнджыты 3-азон курсытæ. Ахуыр кодта Мæскуы- пы уæлдæр ахуыргæнæндæттæй сæ иуы — физматы факультеты. Фæлæ йын уавæртæ кæй нæ уыд, уый аххосæй фæстæмæ æрыз- дæхт 1933 азы. Куыста Хуссар Ирыстоны областон милицийы Оæрнон бынæтты. Коммунистои партийы рæнхъытæм бацыдис 1939 азы. Ъ
Голоты Владимир* Пухаты Илья ГВАРДИЙЫ КАПИТАН ый йæхи хæстон лæг суæвынмæ нæцæттæ кодта. Уыцы хъуыды йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдис. Лæг ама- рын нæ, фæлæ йæм карк æргæвдын дæр тынг зын каст. Иæ* хъуыдытæ, йæ сагъæстæ уыдысты сабырадои цардыл. Хæсты агъоммæ базонгæ ис Тыбылты Еленæимæ. Бауарзта йæ æмæ са) цард сиу кодтой. Лæппу куыста бæрнои бынæтты, стæй дарддæр ахуыр кæнынмæ ацыд Мæскуымæ. Фæлæ уысмы бæрц нæ рох кодта йе ’мкъайы. Арæх æм фыста фыстæджытæ, хъусын æм кодта йæ хабæрттæ. «Иу мæй ма мæ хъæуы ахуыр кæнын æмæ стæй дæ цуры февзæрдзынæн, кусдзыстæм иумæ...» Афтæ йæм фыста 1941 азы майы кæрон. Фæлæ иу мæймæ нæ, фæлæ йын æнæхъæн фондз азмæ дæр нал бантыст йæ уарзон Ирыстонмæ æрцæуын. Комкоммæ йæ Мæскуыйæ арвыстой фронтмæ. Дзырд цæуы отставкæйы гвардийы капитан Чилæхсаты Иликъойы фырт Платъоныл — Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатырдæр хæстонтæй сæ иуыл. Платъон абон сабырадон 1|уыст кæиы, кусы Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты кадрты 632
хайады хистæрæй. У хуымæтæг, сæрныллæг адæймаг. ’ Никуы дзы фехъусдзынæ æппæлой ныхæстæ. Бирæтæ йын зонгæ.дæр* нæ кæнынц Райгуырæн бæстæйы раз йе сгуыхтдзинæдтæ. Дæ хæстон хабæрттæ нын радзур, зæгъгæ, йæм куы баха- тыдыстæм, у.æд нын къæмдзæстыгæй афтæ бакодта: — Цы уын хъуамæ радзурон, фронты миллионтæ уыды- сты. Ме ’мбæстагон хæс æз дæр æххæст кодтон. О, уы,й раст у, хæсты миллионтæ уыдысты, фæлæ дзы ал- чи нуæндæс хорзæхы не ’рхаста. Платъон хъæбатырæй тох кодта фыдгул знаджы ныхмæ. Йæ аууонау мæлæт кæд йемæ æмдзу кодта Мæскуыйы цурæй- суанг Берлины онг, уæддæр уый мæлæтыл нæ, фæлæ хъуыды кодта уæлахиздзинадыл. Сæ баталъон бахæццæ Днепры донбылтæм. Хъуыд доны сæрты ахизын. Майор Буравцев æмæ капиган Чилæхсайы фырт лæууыдысты фæлгæсæн бынатьг æмæ кастысты доны фаллаг фарсмæ. Уым ныхмæлæууæг йæхи æрфидæрттæ кодта.' Цæттæ кодта мах æфсæдтыл сæмбæлынмæ. — Хæйрæгдзинадæй йыл разилæм, æмбал майор, —загъ- та Чилæхсайы фырт. — Куыд? — афарста йæ уый. — Ныхмæлæууæг нæм æнхъæлмæ кæсы ныхырдыгæй. Мах ам æфсонæн цыдæртæ архайæм, ома нæхи цæттæ кæнæм до- ны сæрты ахизынмæ. Нæ сæйраг тыхтæ доны сæрты ахизæнт ам нæ, фæлæ æндæр ран. Уый ныхмæлæууæгæн уыдзæн æнæнхъæлæджы. Иугæр не ’фсæдтæ доны сæрты куы ахизой,. нæхи дзы куы æрфидар кæнæм, уæд фæстæдæр размæ абырс- дзыстæм æмæ знаджы чъылдымырдыгæй фæцæф кæндзы- стæм. — Уы,й хорз хъуыды у, æрмæст куыд рауайдзæн, уый: бæрæг нæма у, — сразы ис Буравцев. ’ • - — Куыд рауайдзæн, уый та рабæрæг уыдзæн фæстæдæр, — йæ мидбылты бахудтис Платъон. Хъæды архайдтой фæрæттæ æм,æ хырхытæй, цæттæ код- той доны сæрты ахизæнтæ. Куыддæр æхсæвы саудалынджы стахтис ракетæ, афтæ вæхх ныррызтис нæ сармадзанты æмæх- стæй. Убщы рæстæджы капитан Чилæхсайы фырт та йæ хæс- тонтимæ тагъд кодта доиыл ахизынмæ. Кæм бæлæгътыл, кæт та хæдаразгæ тъиуитыл ахызтысты фаллаг фарсмæ æмæ ных’- мæлæууæджы сæйраг тыхтыл æрзылдысты чъылдымырды- гæй. Батальоны иннæ хæстонтæ та æндæр рæтты ахызтысты. доны сæрты æмæ, аркъауау, .æрбацъист кодтой знаджы. Фашистон æфсæдтæ нæ баурæдтой ахæм цæф æмæ æмг кæй лыгъдо1сты, тохы быдыры бирæ мæрдтæ, цæфтæ æмæ хæстон техникæ ныууадзгæйæ. Æмæ канд уым нæ. Æндæр тохты дæр Чилæхсайы фырт йæхи равдыста æхсарджын афицерæй. Умй цыд йе ’фсждты 63,*.
раз.æй, йæхи сæрмагонд цæвиттонæп сæ разæнгард кодта æмæ сæм сидтис уæлахиздзинадмæ. — Тас мæлæтæн æххуыс нæу, — дзырдта-иу уый йæ хæс- тонтæн. Радом, Томашув æмæ Венчины горæтты сæрыл тохты Чи- -лæхсайы фырт иунæгæй скуынæг кодта 23 гитлероны æмæ сæ .цыппæрдæсы та уацары ракодта. Молотбукы районы нъгхмæлæууæгæн уыд æртæ доты. Уы- цы фидæрттæй фашисттæ æхстой махуæтты æмæ сæ размæ змæлын нал уагътой. Уæд ирон капитан йæ хæстонты хъазуат тохмæ акодта æмæ æртæ доты дæр куынæг æрцыдысты: спырх сæ кодтой гранаттæй. Доттæ ныппырх кæныны фæстиуæгæн махуæттæ уацары ракодтой ныхмæлæууæджы 72 салдаты æмæ 2 афицеры, амард- той 48 фашисты, байстой дзæвгар хотыхтæ. Не ’фсæдты сæйраг нысан уыд Берлин сисын æмæ зна- ,джы йæ зонгуытыл æрлæууын кæнын. Æмæ мæнæ 1945 азы уалдзæджы уыдон бахæццæ сты Берлинмæ. Чнлæхсаты Платъон уыд мотоæхсæг батальоны командиры хæдивæг. Батальоны командир Фролов æм фæ- дзырдта æмæ йын загъта: — Бригадæйы командæкæнынад нын нæ разы æвæры ахс- джиаг хæс: Тельтовы каналыл хъуамæ ахизой нæ танкæтæ. Доныл цы хид ис, уый нæ къухы нæй. Знаг нын уым дæр нæ фæфидар уыдзæн, фæлæхид рагацау нæ къухты хъуамæ баф- та, спырх кæнын æй ма хъуамæ бауадзæм. Кæй арвитæм, -æмбал капитан, ацы хæс æххæст кæныимæ? Чилæхсайы1 фырт ахъуыды кодта æмæ афтæ: — Цæттæ дæн, м>æхæдæг ацæудзынæн. Флоровæн æхсызгон уыд ирон хæстоны ахæм дзуапп. Чилæхсайы фырт акодта автоматчикты æмæ араст ис бæр- нон хæс æххæст кæнынмæ. Каналы хид хъахъхъæдта ныхмæ- лæууæджы иу ротæ. Уыд æхсæв. Фæлæ бирæнымæц зынгсир- вæзтытæ развæндаг рухс кодтой. Ахæм уавæры æнцон ба- хъуызæн нæ уыд хиды цурмæ: рухсмæ сæ уайтагъд ауыдтаик- кой æмæ хъуыддагæй ницы рауадаид. Чилæхсайы фырт сфæнд кодта канализацийьг. трубæты абырын <æмæ афтæмæй хид- хъахъхъæнджыты чъылдымырдыгæй фæцæф кæнын. Æппæ- ты фыццаг трубæйы фæмидæг йæхæдæг, йæ фæдыл та — авто- матчиктæ. Астæумæ чъизи доны гуыбырæй сахаты бæрц цы- дысты дзыппы фонары дыдзы рухсмæ. Уæлдæф сын нæ фаг кодта, æиуд тæфæй хуыдуг кодтой, фæлæ уæддæр цыдысты размæ. Трубæйы схизæнæй фыццаг йæ сæр сдардта Чилæхсайы фырт. Йæ фæдыл схызтысты иннæ хæстонтæ дæр æмæ, «ура» хъæргæнгæ æмæ автоматтæй æхсгæ, абырстой æнæхъæн ро- тæйы ныхмæ. Немыцæгтæ уый æнхъæл кæцæй уыдысты, æмæ 334
сæм исчн чъылдымырдыгæй бабырсдзæн, схъомпал сты æмæ азмткæй лидзынм!æ фесты. Ацы тохты Чилæхсайы фырт йæхæдæг скуынæг кодта дæс гитлероиы. Тынг тæссаг уавæры Платъон йæхæдæг ссардта минæты тел æмæ йæ алыг кодтой. Хид спырх кæнын нал бантыст знагæн. Ууыл Берлины сæрыл 4 дарддæры тохтæм абырстой фьгццаг гвардион танкæйон армийы танкæтæ. Дарддæр йæ тох кодта гвардийы капитан Чилæхсаты Ллатъои дæр. Берлины уынгты цы тохтæ сцырын, уым дæр та йæхи равдыста хъæбатырæй. Мæнæ куыд фыста батальоны командир Фролов, Чилхх- сайы фырты хорзæх райсынмæ æвдисгæйæ: «Берлины уынгты тохты æмбал Чилæхсайы фырт йæхи равдыста хъæбатыр æмæ уæидон хæстонæй. Уый разæнгард кодта йе ’фсæддонты, бырста иу хæдзарæй иннæмæ, иу уынгæй — иннæмæ, систа йе ’фсæддон хаимæ цалдæр кварталы, уацары ракодта 250 .гит лероны, скуынæг кодта пыхмæлæууæджы æртæ сармадза- ны...» . . Хæстæй уæлахизæй æрцыд Чилæхсайы фырт. Сырх Ты- рысайы, Фыдыбæстæйон Хæсты П-аг къæпхæны, Кутузовы орден æмæ аст майданы ирдæй æвдисæн сты, зæххыл цы стыр тугкалæи хæст уыд, уым куыд тох кодта, уымæн. Торманеулиаг зæхкусæг ирон лæг Чилæхсаты Илнкъойы ^æдзарæй иунæг Платъон нæ тох кодта. Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад хъахъхъæнынмæ ацыды- сты Платъоны дыууæ æфсымæры —Алекси æмæ Сократ дæр. Алекси уыд хистæр лейтенант, 1943 азы карз тохты фæмард. Сократ, йе ’мбæстагон хæс сæххæст кæнгæйæ, сæрæгасæй æры- здæхт йæ фыдыуæзæгмæ æмæ ныртæккæ цæры æмæ кусы Ьакуйы. Хæсты хайад иста Платъоны æмкъан Тыбылты Федыры чызг Еленæ дæр. Уый Платъонимæ йæ цард сиу. кæиыны агьоммæ каст фæцис медицинон ахуыргæнæндон. Иугæр хæст куы райдыдта, æмæ Платъон фронты ис, зæгъгæ, куы фехъуыста, уæд уый дæр æфсæддон къамисариатмæ балæ- вæрдта куырдиат æмæ ацыд фронтмæ медицинон хойæ. Уый дæр- фронтæй æрыздæхт хорзæхтимæ. Чилæхсаты Платъон æмæ йе ’мкъай Еленæ схъомыл код- той дыууæ хъæбулы. Хистæр — Людæ 1969 азы каст фæцис Цæгас Ирыстоны медицинон институт, кæстæр чызг — Лизæ дæр ахуыр кæны уым. Дыууæ дæр равзæрстой сæ мады про^ фесси. А
Япои Дзаитемыр Мамсыраты Мураг ЗАРÆГ ЛÆГДЗИНАДЫЛ !ирæтæ фехъуыстаид Чыпыраты Æццылойы фырт- ты зарæг. Заманхъуыйлæгтæ йæ скодтой. Ирыстоны йæ арæх фæзарынц, фæхъуысы радиойæ, йæ кой уыдис газет «Прав- да»-йы 1967 азы 29 июлы иомыры дæр. Фæлæ, æвæццæгæн, бирæтæ нæ зонынц Æццылойы фыртты хабæрттæ. Цæмæй са^ лом баззайа æмæ кæстæр фæлтæрты ’хсæн дæр ца^ра, уый ак- каг та сты. Революцийы агъоммæ Зæронд Бæтæхъойы хъæуы цард Æццыло. Хуымæтæджы зæхкусæг адæймаг уыдис. Фæлæ алы адæймагæн дæр, æвæццæгæн, йæ царды ахæм цау æрцæуы, кæцы йын, фæида йæ æви нæ, уæддæр ын йæ удыхъæд, йæ лæг-. дзинад равдисын кæны. Æрцыд ахæм цау раджы заманы Æццылойы царды дæр. Æмæ кæд амондджын хъуыддаг нæ уыд, уæддæр абоны онг йæ коп баззад. Цыбыртæй йæ радзурæм. | Æццыло куыроймæ ссинаг аласта. Фæстæмæ куы ’рба- нæпцыд, уæд Цæлыччы быдыры фæпдаджы был гуыффæйы €30
Никъала Астемыр æмвæз кæрдæг ракарста. Гъа, ныр цæуон, зæгъгæ, афтæ йыл чидæр фæстæрдыгæй йæхи ныццавта. Къухтæ аздыхтæуыд æмæ сæ сбастæуыд. Цыппар барæджы уыдысты фыдгæнджы- тæ. Баст лæджы йæ бричкæмæ баппæрстой, сæхæдæг ын йæ бæхтæ феуæгъд кодтой æмæ сæ фескъæрынц. — У, мæ хæсгæмæрдтæ, мæнæ мæ фысы баст куыд •скодтой! — ныккатай кодта лæг. Йæхæдæг адæймагмæ чъыл- дымырдыгæй бацæуын йæ сæрмæ никуы ’рхастаид æмæ йыи уый тыххæй уæлдай маст уыд, цы йын бакодтой, уый. Гуыф- •фæйы йæм кæрдæджы бын топп дæр бæргæ уыдис, фæлæ ;къухтæ фидар баст уыдысты æмæ цы акодтаид. Уалынмæ, хъуырдухæн кæнгæйæ, цæвæгмæ фæкомкоммæ. Рæвдз æм бабырыд, йæ синтæ йæм сарæзта, къухты бæттæ- ныл ахафта æмæ феуæгъд. Хъримаг фелвæста, згъордта фыд- гæнджыты фæдыл. Куыд ,æй фехъусой, уый бæрц сæм куы ба- хæццæ, уæд иыхъхъæр кодта: «Æ, уæртæ æнаккæгтæ! Æз уæ фæстæрдыгæй куы ’хсин, уæд уæ кæфты цагъд ныккодтаин афонмæ. Сæргъæвут уæ хъримæгтæ!». Барджытæ сонтау фесты, фæзылдысты, февиæлдтой хæ- цæнгарзмæ. Ф,æлæ уыцы минут Æццыло фехста æмæ фыдгæн- джытæй иу саргъыл фæдыдагъ. Дыккаг ^æхст — дыккаджы къухæй топп æрхауд. Иннæтæ лидзæг фесты, фæстæмæ гæ- рæхтæ кæнгæйæ. 637
Æццыло йæ бæхтæм фæсидт. ЙЕрбазгъордтой йæм; сиф- тыгъта сæ æмæ сæхимæ араст. ...Сæ фыды туг разынд йæ цыппар фырт Япои, Никъала, Астемыр æмæ Дзантемырмæ дæр. Æцæг уьгдон сæ лæгдзинад равдыстой Цæлыччы быдыры нæ, фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдыри. ...Хъæбатырæп фæмард Райгуырæн бæстæпы сæраппонд ТОХЫ»; Ахæм хабар ссыд æфсымæрты хистæрæй 1941 азы. Свя- зист уыд Япон. Арвыстой йæ знаджы чъылдыммæ, йæ сæйраг’- дæр тыхтæ кæмыты сты, уый сбæлвырд кæнын æмæ сæ; нæ сармадзанæйæхсджытæн фехъусын кæнынмæ. Фалæмæ хорз баирвæзт, цы йæ хъуыдис, уый сбæлвырд кодта. Раци скусьш котда æмæ амоны, кæдæм æхсын хъæуы, уый. Уæртæ срæ- мыгъта, ссыгъд знаджы автомобилты колоннæ. Уыдонæй чы- сыл фалдæр лæууынц танктæ. Япон адзырдта, æмæ та танк^ тыл дæр сармадзаны нæмгуытæй ихуарæгау ныккалдтой. Уалынмæ йын немыц йæхи ауыдтой, æрбазгъорынц æм мотоциклтыл, уацарьг райсынмæ йæ хъавынц, — Æз кæм дæн, уырдæм æхсут! — адзырдта рацийæ, немыц æм хæрзхæстæг куы ’рбахæццæ сты, уæд. — Æз кæм- дæн, уырдæм... Уыдон уыдысты йæ фæстаг ныхæстæ. Фæлæ знæгтæй дæр йæ алыфарс бирæ æрызгъæлд, сæ машинæтæ æмæ танктимæ дзы хæрдмæ чи фæтахт, уыдоны нæ нымайгæйæ. «...Хъæбатырæй фæмард Райгуырæн бæстæйы сæраппонд тохы». Ахæм гæххæтт Чыпыратæм сæ кæстæр лæппу Дзантемы-1 ры тыхæй та 1942 азы ссыд. Йæ царды фæстаг минуты æмæ йа» хъæбатырдзинады бæлвырд хабæрттæ сбæрæг сты 22 азы фæстæ. Мæнæн сæ мæхицæн дзырдтой Ставраполы крайы Ачпкулакы хæуы цæрджытæ. ...1942 азы фæззæджы Ставраполы край уыдис знаджы къухы. Уыцъгаз фæндзæм ноябры Ачикулакы сæрмæ иу сырх^ стъалыджын истребитель тохы бацыд æртæ немыцаг хæдтæ* хæджимæ. Ноджы ма йæ зæххæй дæр æхстой сармадзантæй. Истребитель знаджы хæдтæхджытæй иуы’ æрæппæрста. Фæ- лæ уыцы минут йæхиуыл дæр сармадзаны нæмыг ауад. Тæ- хæг æрхауд, йæ парашют нæ байгом кодта, афтæмæй. Исдуг- мæ ма йæ цæстытæ байгом кодта, стæй уæд йæ уд систа. Не- мыц ын йæ дзъгппытæ сфæйлыдсж, йæхи та йын бомбæйы дзыхъхъы ныппæрстой, сыджыт ыл ныккалдтой. Хъæуы цæр- джытæ пыл сусæгæй куыдтой, фЬелæ чи уыд, кæцон, уымæп ницы базЫдтой. Æрмæст æй 1964 азы сбæлвырд кодтой скъоладзаутæ ССР Цæдисы Хъахъхъæнынады Министрады архивы æххуы- сæй. Тæхæг разынд Чыпыраты Æццылойы фырт Дзантемыр. 638
Ныртæккæ Ачикулакы йæ номыл ис уынг, скъолайы кæр- ты та бюст — цыртдзæвæн. Сармадзаны командир Чыпыраты Никъала 1943 азы фæ- мард Керчы. Фæлæ знагæй рагацау йæ туг райста. ...Дивизион хъуамæ суткæйы фæстæ иыббырстаид. Хъахъ- хъæнынæн сæйраг тыхтæй иу километр раздæр хъæдрæбын- мæ арвьгстой æфсæддонты къорд — автоматчиктæ æмæ цал- дæр рог сармадзаны. Иыр æртыккаг суткæ адæм хуыссæджы цъыртт нæ фед- той, лæугæ-лæууын дæр-иу афынæй сты, фæлæ гæнæн нæ уыд,_ хæст хæст у. Хъахъхъæнджытæ куы ’рбынæттон сты, уæд бадзырдтоГг иугай адæймæгтæ ифтыгъд сармадзанты цур рад хæсдзысты, нннæтæ сæ фæллад уадздзысты. Никъала æхсæвы æртæ сахатмæ хъуамæ хастаид рад. Чысыл рæстæг йедтæмæ йæ нал хъуыдис, афтæ йæ хъустыл цыдæр гуыв-гуыв ауад. Сæ хъæрмæ гæсгæ сæ базыдта Ни- къала, хæдцæугæ сармадзантæ æмæрогтанкæтæ кæй æрбацæ- уы, стæй дзæвгар кæй сты, уый. — Немыц! — фæхъæр кодта Чыпыры фырт. Йе ’мбæлттæ сармадзанты цур æрлæууыдысты, автомат- чиктæн дæр се змæлын ссыд, фæлæ æ(хсæв ахæм мæйдар у, æмæ дыууæ санчъехмæ ницы зыны. Немыцы машинæтæ та сæм мæнæ хæрзхæстæг æрбацыдысты, уынгæ сæ нæ фæкæн- дзысты, афтæмæй дæр сæ ассæнддзысты. Бæстæ афтæ сæм- тъеры, æмæ, куыд фæзæгъынц, цæвæг марæджы нал зыдта. Уалынмæ æвиппайды арвмæ фæтахт рухсгæнæн ракетæ. Иу 100 метры дæрддзæф, сæ рыг сæ сæрмæ сбадт, афтæмæй æрбацæйцыдысты немыцаг машинæтæ æд æфсæддоитæ, хæд- цæугæ сармадзантæ, цалдæр танчы. Ракетæ кæма ахуыссыд, афтæ мах сармадзантæ фехстой. Немыцаг колоннæйы фæзынд арты æвзæгтæ. Уыдоны рухсмæ чи зынд, уыцы машинæтæ æмæ танкæтыл ныккалдтой ныр нæ сармадзантæ. «Цъындæй» æхсын байдыдтой немыц дæр, афтæмæй цæуынц размæ. Махонтæ хъавынц, знаджы хæд- цæуæг сармадзанты æмæ танкты цæхæр кæцæй акæлы, уыр- дæм. Уæртæ ма разынд ноджыдæр иу цалдæр арты къуы- былойы. Арты рухсмæ Никъала. ауыдта цалдæр машинæйы æндæрджы. Куыд бамбæрста, афтæмæй лидзынмæ хъавыни, сæмтъеры сты. Сармадзан дзы иумæ сарæзта, фехста — но- джы дæр та иу машинæ хæрдмæ фæтахт. Сифтыгъта сарма- дзан. Раст уыцы минут йæ тæккæ размæ, 7—10 метры æд- дæдæр февзæрд немыцаг танк. Никъала йын сармадзаны нæмыг йæ тæккæ ныхы ныссагъта, фæлæ йын танк дæр йæхи æрбассæста... Искуы-иу йедтæмæ нал аирвæзт не ’фсæддонты чысыл къордæй, фæлæ знагæй дæр æгас чи баззад, уыдоны лидзæг 639
<фæкодтой. Нæ дивизийы æфсæддонтæ куы ’рбахæццæ, сты. уæд Никъалайы ссардтой нæ саст сармадзаны бын, йæ фарс- мæ та сыгъдис немыцаг танк. Сармадзаны командиры дзыппы не ’мбæлттæ сардтой, арвитын йæ къухы кæмæн нал бафтыд, ахæм писмо. Фыста йæ, •æгас ма йын цы иунæг æфсымæр баззад, уымæ — Астемыр- мæ æмæ йын фæдзæхста, ма, дам, бацауæрд дæхиуыл, Япон яэмæ Дзантемыры туг райсын, дам, махмæ кæсы. Астемыр 1934 азы фæскомцæдисы Центрон Комитеты «сидтмæ гæсгæ бацыд бронетанкджын æфсæддон скъоламæ. Дыууæ азы фæстæ йæ каст фæци, радтой йын лейтенанты чин. Службæ кодта Ростовы. Хæст куыддæр райдыдта, афтæ йæ арвыстой Сталинградмæ. Баргонд ын уыдис танкты эки- пажтæ цæттæ кæнын. Фæлæ адæмы хæстмæ æрвит, дæхæдæг та «æнцад бад», уый йæм хардзау æркаст æмæ тохы быдыр- мæ ацæуыны бар ракуырдта. Снысан æй кодтой «КВ» танкты ротæйы командирæй. Фыццаг хæсты бацыд Белгороды областы хъæу Ольхо- ваткæйы цур. Уый уыдис танкты «хъæбысхæст». Бон сихор- -афон тыгвд быдыры ныхæй-ныхмæ æрлæууыдысты мах 80 æмæ немыцаг 120 æндон машинæйы. Кæрæдзи æддæг-мидæг афтæ ауадысты, æмæ-иу дыууæ танчы фырытау «сæ сыкъа- тæй» сагъдæй баззадысты. Дыууæ сахатæй фылдæр ахаста уыцы æвирхъау тох. Æп- пынфæстаг, хæсты быдыры 32 танчы ныууадзгæйæ, знаг ли- дзæг фæцис. Мах танктæй дæр фæхъуыд, фæлæ дзæвгар къад- дæр. Мæлæтимæ кæрæдзийы цæстытæм иу æмæ дыууæ хатты нæ кастис Астемыр йæхæдæг дæр. Сталинграды цур, баталь- оны. командир уæвгæйæ, йæ танктæй бабырста знаджы фи- дæрттæм. Рæхыстæ ссæстой сындзтелтæ, фистæг. æфсæддон- тæн фæндаг гæрдгæйæ. Уалынмæ, йæхæдæг цы танчы бадт, ууыл сармадзаны нæмыг ауад. Мидæгæй танк фæздæгæй ай- дзаг, Астемырæн ранæй-рæтты йæ уæлæдарæс ссыгъд. Люк фегом кодта, йæхи зæхмæ фехста, фæлæ йæм не ’рхæццæ: сындз телыл йæ къах дæргъæй-дæргъмæ афаста, сæр бынмæ ауыгъдæй аззад. Фервæзын æй кодта æндæр танчы экипаж, фæсфæдмæ йæ раластой. ...Сталинград. Курскы къæлæтæг, Севастополь, Кениг- сберг, Хинган, Порт Артур. — Ууылтьг ахастой Чыпыраты Æццылойы цыппæрæм фырт Астемыры йæ хæстон фæндæгтæ. Бирæ цаутæ радзурæн ис йæ хъæбатырдзинады тыххæй. Фæ- лæ сыл, æвæццæгæн, йæ бирæ хорзæхтæй хуыздæр ничи ра- дзурдзæн... Уыдон та дзæвгар сты: Фыдыбæстæйы Хæсты фыц- цаг къæпхæны дыууæ ордены æмæ дыккаг къæпхæны орден, Хъæбатырдзинады тыххæй майдан æмæ æндæртæ — æдæп- г№зт 12 хæрзиуæджы. ^г
Плиты Илья ЧЫСИАТЫ РЕЗОЙЫ ХÆЦÆНТÆ з рагæй агуырдтон Чысиаты Резойы, рагæй мæ фæи- дыдис йæ феныи, лæгæй-лæгмæ йемæ аныхас кæнын. Иу дзыр- даж. фæндыдис мæ очерк ыл куы ныффыстаин. Фыдыбæстæйои хæсты райдианы Ирыстоны фырттæн æппæты фыццаг немыцаг тыхæйпсджыты ныхмæ тохы чи басгуыхтис æмæ паддзахадоп хорзæх чи райста, уыдонæй сæ иу уыдис Отъреуы хъæуккаг Чы- сиаты Резо. Хъуыды ма кæнын, уыцы бонты областон газеттæ бирæ фыстой Резойы сгуыхтдзинæдты тыххæй, радиойæ арæх кодтой йæ хъæбатырдзинады кой. Ирон адæм буц уыдысты се мзæххонæй, Ирыстонæн ахæм кад чи скодта, уый тыххæй. Хæсты рæстæджы .Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдад цы чиныг рауагъта «Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатыр хæстонтæ», зæгъгæ, уым Советон Цæдисы Хъæбатыртæ Цоциты Вася, Ко- былты Серги æмæ æндæрты æмрæнхъ хицæн уацы дзырдæуыд Чысиаты Резойы сгуыхтдзинадыл дæр. Мæнæ цы фыстой Резойы тыххæп: «Хæсты райдианæй фæстæмæ Резо нс фрокты. Уый æна- уæрдонæй куынæг кæны фашистон абырджыты — адæймагады иууыл карздæр знæгты... Немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ тохы командæкæнынады хаёстон хæстæ иттæг хорз кæй æххæст кодта æмæ хъæбатыр- дзинад æмæ лæгдзииад кæй равдыста, уый тыххæй ирон 41" 041
адæмы фырт Чысиаты Никъалайы фырт Резойы ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиум схорзæхджын кодта Сырх Тырыса- йы орденæй. Асæй — рæстæмбис, цæхæрцæст, уæнгтæрог, мæнæ афтæ кæмæй фæзæгъынц, цæсты ныкъуылдмæ авд æфцæгæй асæр- рæтт ласдзæн, зæгъгæ, ахæм. Чысиаты Резо йæхи тыххæй радзырдта: — 1941 азы фæззæджы не’’фсæддон хай хъахъхъæдта, ахс- джиаг нысаниуæг кæмæн уыдис, ахæм объект. Æхсæвæй-бонæй карз тохты къубал не скъуыдис. Мах уыдыстæм фондз æмба- лæй бастдзинадонтæ. Иу изæрыгон гитлеронты стыр къорд æр- батыдтой нæ хъахъхъæдадон фадыгмæ. Нæ командæкæнынады бардзырдмæ гæсгæ не ’фсæддон хай фæстæмæ алæууыдис æмæ æндæр бынаты йæхи æрфидар кодта. Фæлæ махæн — бастдзи- надонтæн — æндæр хæс лæвæрд уыдис. Мах уыдыстæм фронты раззаг хаххыл, арæзтам бастдзинад не ’фсæддон хæйтты ’хсæн, уымæ гæсгæ хицæнæй архайдтам. Нæ хæс уыдис: бастдзина- дон телтæ хъуамæ стыхтаиккам æмæ сæ рахастаиккам немæ фронты раззаг хаххыл. Уыцы хъуыддаг уыд зын сæххæстгæ- нæн, тæссаг уыдис немыцæгтæм уацары бахауынæй. Уæд æз мæхимæ райстон уыцы’ хæс сæххæст кæнын. Мемæ :айстонав- томат æмæ фондз дискы та нæмгуытæ æмæ ацыдтæй. Иу хъæды цурмæ бахæццæ дæн, кæсын æмæ уæртæ немы- цæгтæ йу къордæй ме ’рдæм æрбацæуынц. Æз мæ алфæмбылай аракæс-бакæс кодтон, æмæ мæхи кæм бааууон кодтаин, ахæм бынат куы нæ ссардтон, уæд акъоппы ныггæпп ластон. Зыдтон, удæгасæй мæ нæ ауадздзысты знæгтæ æмæ æввахс куыд æрба- цыдысты, афтæ сæ æхсын райдыдтон автоматæй. Нæ мæ фæ~ сайдта мæ рæстдзæф хæцæнгарз, цыппар дискы бахардз код- тон æмæ немыцæгтæй бирæтæ уыцы ран сæ мæлæт ссардтой, иннæтæ фæйнæрдæм алыгъдысты. Фæлæ мæнæ бæллæхы хъуыд- даг: диск иæмыгæй йедзаг, фæлæ автомат нал кусы — тынг стæвдис. Уалынмæ иуæрдæм фæкастæн æмæ уæртæ дыууæ тан- кæйы фæстæрдыгæй æрбацæуынц. Æз мæ гуыбыны цъарыл абырыдтæн мæрдты ’хсæнты, иуæн дзы йæ автомат систон æмæ тагъд æндæр акъоппы æрæмбæхстæн. Танкæтæ æндæрæрдæм фæзылдысты æмæ аирвæзтæн. Уыцы рæстæгмæ ме ’мбæлттæ-бастдзинадонтæ бахæццæ сты не ’фсæддон хаймæ æмæ радзырдтой, зæгъгæ, дам, Чысиа- йы фырт немыцæгтæм уацары бахаудта. Цæй уацар æмæ цæГг цыдæр! Кæй амардтон, уыдон автоматтæй ма ноджы æртæ ме- мæ рахастон æмæ не ’фсæддон хаймæ æрбацыдтæн æхсæвы 12 сахатыл. Ме ’мбæлттæ мыл тынг бацин кодтой, мах дын æрыз- дæхын æнхъæл нал уыдыстæм, зæгъгæ, загътой. Стонджы мын кæй уыд, уый зыдтоп æмæ мын къуыдырфых дзидза радтой, кæрдзын сæм нæ уыдис. Уый фæстæ полчы командир, булкъон Ратовæн радзырдтоп 642
мæ тохы хабæрттæ. Цы раи хæцыдтæн, уырдæм райсом æ.Чсæ- выцъæхæй ацыдыстæм. Цы акъоппæй æхстои, уый фарсмæ ссардтам цыппар дискы, 76 та мæрдтæ баныгæдтам. Ратов мын ме уæхск æрхоста æмæ загъта: — Ды дæ æцæг хъайтар! Булкъон Ратов мæ бавдыста паддзахадон хорзæх райсын- мæ æмæ мæ ССРЦ Сæйраг Советы Президиум схорзæхджын кодта Сырх Тырысайы орденæй. Полчы командир мын 16 Суткæйы радта улæфт, кæй бас- гуыхтæн, уый тыххæй. Иухатт мæ Ратов машинæйы йемæ акодта Саратовы горæт- мæ. Булкъонæн йæ адъютант дæр немæ уыд. Цæвиттон, уырдæм æрцыд ССРЦ Сæйраг Советы Президиумы сæрдар М. II. Кали- нин, хорзæхджын чи æрцыд, уыдопæн ордентæ дæдтынмæ. Ка- линин мын йæхæдæг радта мæ орден. Мæ къух дæр мын райста. Никуы мæ ферох уыдзæн уыцы бон. Нæ полчы уыцы рæстæджы, ома хæсты раидианы ахæм орден фыццаг хатт мæнæн радтоп. Фронтон газет «Защита Родипыйы» мæ хæстон Сгуыхтдзинæдты тыххæй арæх фыста уацтæ. 1942 азы июлы Краснодоиы горæтмæ хæстæг карз тохты рæстæджы уæззау цæф фæдæн, мæ галиу цонгыл знаджы нæ- мыг сæмбæлд æмæ мæ госпиталмæ раластой Новошахтинскмæ, уырдыгæй Батайскы госпиталмæ æмæ стæй та Бакумæ. Хос м’ын кодтой Тбилисы дæр. Уый фæстæ мын цыбыр рæстæгмæ улæфт радтой æмй æр- цыдтæн мæ райгуырæн хъæумæ. Колхозонты уæды хуы’Зæн кусгæ никуыма федтон. Зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæл1 лæттæ зæрдиагæй куыстой æмæ, кæмæн иь! йæ бон уыдН, уы- мæй æххуыс кодтой Сырх Æфсадæн. Фронтмæ æрвыстоп п’ро- дукттæ, хъармдарæнтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Мæхи цæстæй фед- тон фæсчъылдымон фронты патриотоп хъуыддæгтæ æмæ сæ мæ зæрдæ тынг барухси. 1943 азы райдианы фæстæ’мæ фронтмæ ацыдтæи, бакодтой мæ 48 гвардион артиллерион полкмæ. Уыдтæн взводы командир.. Хайад нстон, Курск, стæй та Орелы ’рдæм здæхты цы тугкалæн тохтæ цыдис, уым. 1945 азы февралы Елгавæйы горæты цур карз тохтæ цы- д’ис. Немыцæгтыл кæд стыр зиæнттæ цыд, уæддæр сæ позицитæ фидар кодтой, æхстой нæ сармадзантæй æмæ минаметтæй. Нæ ныхмæ нын рарвыстой бирæ танкæтæ. Нæ батальон кæм уыд,. уырдæм æрбацæйцыд немыцаг æхсæз танкæйы. Батальоны командир мын бардзырд радта, цæмæй ме вз- воды хæстонтæ знаджы танктæ æхсын райдайой. Махмæ уы- дис 76-миллиметрон сармадзан æмæ тарстæн, зæгъын, дардмæ æхсгæйæ,танктæ куы нæ цæф кæной æмæ нæмгуытæ куы бахардз кæнæм, уæд ма танкты нрхмæ цæмæй хæцдзыстæм. Фæлæ ко- ’мандир мæ фæндыл нæ разы кодта. Танктæ бырстой размæ 643
æмæ куы ’рбаввахс сты, уæд сæ æхсын райдыдтам. Нæ навод- чик Калинии знаджы минæйы схъисæй фæцæф. Уæд æз ба- уадтæн, йæ бынаты æрлæууыдтæн æмæ æхсын райдыдтон ных- мæлæууæджы танкты. Махуæттæ дзы ’хсæз танчы скуынæг код- той. Батальон атакæйы ацыд, уæлдæфы айзæлыд тыхджын «ура», немыцæгтæ дæрæн æрцыдысты æмæ уыцы бон дæс километрæй фылдæры бæрц размæ ацыдыстæм. Бирæ хæцæнгæрзтæ бафтыд иæ къухты. Сæхи иæм уацары радта немыцаг салдæттæ æмæ афицерты стыр къорд. Елгавайы горæты цур тохты командæкæнынады бардзырд кæп сæххæст кодтон, уый тыххæй мæ схорзæхджын кодтой Хъæ- батырдзинады т^ьххæй майданæй. Уымæй дарддæр ма хорзæхджын æрцыдтæн æндæр медал- тæй дæр. Командæкæнынадæй бирæ хæттыты райстоп бузныг- дзинæдтæ. Фыдыбæстæйон хæсты фронтты немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ цыипар азы тохты фæдыл бирæ хæстон эпизодтæ зо- иын, фæлæ уыдоп се ’ппæт чи фæуыдзæн дгырд та! Чысиаты Никъалайы фырт Резо райгуырис 1919 азы Цхин- валы районы Отъреуы хъæуы мæгуыр зæхкусæг бинонты ’хсæн. 1939 азы каст фæцис астæуккаг скъола. 1947 азы онг уыди Со- ветон Æфсады æмæ демобилизацигонд куы ’рцыд, уæд æры- здæхти сæхнмæ. Куыста Отъреуы хъæуы колхозы бригадирæи, стæй та фермæгæсæй. Куыста колхозы сæрдары хæдивæгæн дæр. Цалдæр азы нæ фæд-фæдыл сæвзæрстой райдиан партор- ганизацийы секретарæй. Ныртæккæ кусы Арцеуы совхозы Отъ- реуы хайады кусæгæй. *
Гаглоиты Владимир АФТИД ИНГÆНТÆ (айсом сабат бон у, улæфты бон, æмæ хъуамæ Шихантурийы ’рдæм азилæм, — загъта мыи куысты фæстæ нывгæнæг Уанеты Алыксандр. — Æвæццæгæн, Ирыстоиы хæх- тæ æмæ æрдзы рæсугъддзинад уырдæм куыд зыны, афтæ ни- куыдæм. Мæ зæрды иу цалдæр этюды ныффыссын нс, кæд боныгъæд дзæбæх уа, æмæ мæ мигътæ нæ бахъыгдарой, уæд. Кæд дын рæстæг ис, — мемæ рацу. Дзырд дын дæттын, фæс- мон нæ фæкæндзынæ. Æцæг æнæвдæ^он уыдтæн, фæлæ мæ Алыксандры ныхас басаста æмæ сразы дæн. Дыккаг бон райсом раджьг виллисыл араст стæм горæ- тæй. Гуфтайæ чысыл куы бауадыстæм, уæд тæссар-мæссар фæхæрд кодтам. Хур хæхты цъуппытыл сныдзæвд, афтæ мах дæр фæуæлбыл стæм. Шофер йæ машинæ фæстæмæ куы разылдтз, æмæ мах уæлбыл куы аззадыстæм, уæд мын Алыксандр ацамыдта хъæ- уырдæм. — Мæнæ, гъе, уый та дыи Шихантури. Тæккæ къуылдымыл æрынцади хъæу. Хъæуæй ныгуы- лæнырдæм фæз ахаста, æмæ йæ, цыма, барæп нсчи сарæзтау уыйау йæ алыварс æрбатыхстис, къæлæтау, æгæндæг пæзы хъæд. Æвæдза, рæсугъд куыд нæ сты Ирыстоны хæхтæ æмæ йæ фенддаджы кæмттæ, фæлæ, æвæццæгæн, адæймаг кæсæн- мæ йæхи куыд фæуыны, афтæ фенæн ис ацы ранæй нæ хæхты рæсугъддзинадæн. Райсомы хуры тьгнтæм арт ссыгъди Бур хохы цъуппыл, стæй сæуæхсиды æхсидав арт æндзаргæ ацыди хæ1хты рæхысыл. Уæртæ Дзауы комæй астади мигъы бындзыг. Цыма дысон бонмæ кæмтты рахаубахауæй иыффæллад, рай- сомы ’рдæм ыл хуыссæг фæхæцыд æмæ йæ боны рухс æр: цахста комы. Ны’р райхъал æмæ, æрдæгфынæн лæгау, æнæ- бары фæбыры йе ’нусон бынатмæ, хæхтьг цъуппытæм. 64л
Сæуæхсиды тынтæм, уæлийæ, хæхтæ тыбар-тыбур рай- дыдтой, куьгфæлурсæй разынынц, куы игæргъуыз сфæлдахынц, куы тар цъавххуыз райсынц, цыма уысмæй-уысммæ сæ да- рæс ивынц, уыйау. Дæлдæр æфцджытæ — цъæх-цъæхид хъæдабæйæ фæлыст... кæмттæ... кæмттæ, æгæндæг тархъæдтæ ныффæлдæхтысты æфцджыты дæллагхъуырты. Уæлвæзты æмæ кæмтты нарджы- ты хъæутæ... Хъæутæ... алы рæтты, мыдыбындзыты ахстæттау, ныппырх сты. Бынæй, комы, æвзист рæхысау, къæдзтæ-мæдзтæ æрттивы Пацъайы дон, тындзы дуртыл гæппытæгæнгæ, нарæг комы йæ хо Леуахийыл Гуфтайы саджил комы фембæлынмæ. Цалынмæ æз æрдзы ^æрдхæрæйнаджы рæсугъддзннады уацары уыдтæн, уæдмæ Алыксандр пæ ахорæнтæ æрцæттæ кодта æмæ хæлæфæй райдыдта кусын. — Хæхтæ сæ хуыз уысмæй-уысммæ ивынц æмæ сын сæ ахуырст рæстæгыл куы нæ æрцахсай, уæд дæ хъуыддагæй ни- цы рауандзæн, — загъта мын Алыксандр. Цæй бахатыр кæм, ды уал аразил-базил кæн. Кæд дæ фæнды. Алыксандры мальберты фарсмæ кусгæ ныууагътон æмæ разылдтæн хъæуы ’рдæм. Хъæумæ æрбахæццæ дæн... Хъæубæстæй алчи йæ райсо- мы куысты кой кодта, дыууæйæ æд фæрæттæ сивгъуыдтой хъæды ’рдæм. Колхозы скъæттæй фос рауагътой фиййæуттæ æмæ сæ аздæхтой сæрвæтмæ. ч Иппæрд раны ис хъæу стыр фæидагæй. Зымæджы мит куы ныууары, уæд фæхицæн вæййынц хъæуы цæрджытæ æд- даг дуиенæ. Ам сæрды дзæнæт у, зымæджы та — хъаймæт. Æгæндæг арф мит, æвирхъау тымыгътæ сæ уæлныхты æрисынц æрдзы тыхты фыдæнæн ацы къуылдымыл æрцæрæг адæмы. Хъæбатыр æмæ уæндон адæм кæй æрцарди ацы къуыл- дымыл, уып бæрæг у. О, фæлæ, диссаг, хъæуы уыпгты сылгоймæгты йедтæмæ, уадпссагæй нæлгоймаг куы нæ зыны, уæд цы хабар у, цы ’рцы- ди, æви сæ сылгоймæгты æвджид бакодтой сæ куыстыты æмæ сæхæдæг та арф сæ хæдзæртты бадынц. Ау, фæлæ куыстафон куы у, уæд. ахæм рæстæджы куыд æнцад-æнцопæ бадынц. Уæртæ дыууæ сылгоймаджы æд цæвджытæ угæрдæны ’рлæм сивгъуыдтой. Диссаг, хæсты рæстæджы ма карстой нæ хъæ- батыр сылгоймæгтæ хос сæ лæгты бæсты, уæд ныр та цы хабар у? Мæхи нал баурæдтон, бацыдтæн сылгоймæгты размæ æмæ сæ афарстон. — Бахатыр мын кæнут, мæ фарст уæм хъыг ма фæкæсæд, æвзæрæн уын æй нæ зæгъын, фæлæ сымах бæсты нæлгоймæг- тæ цæмæннæ цæуынц хос кæрдынмæ? — афарстон, æгæр раджы \иæ сæры хилтыл урс халас кæмæн схæцыд, уыцы сылгоймаджы. 646 (
Бæргæ мах бæсты хос кæрдынмæ чи ацæуа, уый хæдза- ры’куы уаид, — ныуулæфыд сылгоймаг. —Фæлæ нын нæ тæ- ригъæд фæхæссæнт, махæн нæ удыхæнтты мысынæи сæ цæв- джытæ чи ныууагъта. Хæстæй нал æрыздæхтысты нæ дарджы- тæ, ме ’фсымæры хай. Æмæ пы бакæнæм... — æрхæндæг зæр- дæйæ ма бакодта сылгоймаг æмæ фæраст йæ фæндагыл. Уыцы бон ^æз базыдтон, ам, ацы къуылдымыл, æрдзы фæндаджы хъæбысы æнусы цыппæрæм хайы размæ кæй эерцыдп æвирхъау трагеди, æмæ уæдæй пырмæ рæсугъддзи- над æмæ æгæрон маст фæрсæн-фæрстæм кæй æрцардысты. Мæнæн радзырдтой хъæуы цæрджытæ (хъæуы æгасæй дæрцæры фараст хæдзары, иу мыггаг — Цхуырбатæ), фæдисы хъæр куы фехъуыст, цард æмæ мæлæты æхсæн удуæлдай тох куы цыди, уæд ацы армыдзаг хъæубæстæй Стыр Фыдыбæстæ- йон хæстмæ кæй ацыдис фондз æмæ ссæдз бæлццоны æмæ уы- цы фондз æмæ ссæдз тохы бæлццонæй абоиы опг сæ фыды уæ- зæгмæ кæй нæ уал æрыздæхтысты иу æмæ ссæдз æйттмардзæ разагъта лæппуйы. Уыцы æвирхъау хабар фехъусгæйæ, зæрдæ ныккæрзыдта риуы. Уый размæ æрдзы кæлæигæнæг рæсугъддзинадæй уæнг- тæ цы æхцондзинад райстой, уын раивта æвирхъау æрхæндæг- дзинадæй. Зилын хъæуы уынгты. Сабыр, æнæ унæр сты уынгтæ. Цы- ма аст æмæ ссæдз азы размæ байсысти цин æмæ хъæлдзæг- дзинад, аскъуыд фæндыры тæн æмæ уæдæй нырмæ маст æмæ •æрхæндæгдзинад,, <пъæззыйау, æрбадтысты уыигты, адæм нал зонынц худын, зарын, кафын. Мæнæ Цхуырбаты Кужайы хæдзары кæрт, цыдæр æнахуыр сабыр у, уæлдай змæлд, уæлдай хъæлæба никуыцæй хъуысы. Æнусы цыппæрæм хайы размæ кæртæй стахтысты фондз цæр- тæсы, фондз æфсымæры, фондз хæдзардарæджы æмæ Фыды- бæстæйы сæрыл бацыдысты фыдгул знæгты ныхмæ лæгдзина- ды хъазуаты. Æфсымæртæй сæ иу, Иикъала, уыд фистæг æфсады ба- тальоны командир, гвардийы майор. Хæсты райдианæй суанг- дæр 1943 азмæ йæ батальонимæ тох кодта Ныгуылæп фронты. Æнауæрдоиæй дæрæн кодта фыдгул знæгты. Уыд арæхст- джын æмæ ныфсджын командир, фæлæ 1943 азы сæрды йæ. батальоны джебогъæй тохмæ куы астын кодта, уæд æнæн- хъæлæджы знаджц нæмыг , аскъуыдта Никъалайы цард. -. Стыр фидæн уыд Кужайы дыккаг фырт Палушæн дæр. Бæрзонд, бæзæрхыг, чызгау рæсугъд, сатæг-сау æрфгуытæ, къ’æбæлдзыг сæры хъуынтæ. Бирæ сæры/стыр? чындздзои чызджытæ батæхуды кодтой Палушы уæнгты анвдзииад æмæ æрдхæрæйнаджы зондмæ. Хæсты размæ фæуд кодта Днепропетровскы хæххои институт. Иæхи цæттæ кодта зæх- хы хуылфы æмбæхст хæзпаты агурыимæ. Фæлæ йып æвир- 647
хъау хæст æрдæгыл аскъуыдта йæ рæсугъд бæллицтьп Хæцыд фыццаг Украииæйы фронтьг :æфсады рæнхъыты. Ко- мандæ кодта ротæйыл. Уыд капитаны чины æмæ афтæмæй иу æвирхъау тохы мæлæтдзаг цæф фæцн. Рынчындонмæ ма йæ æрбахæццæ кодтой, фæлæ æгъатыр мæлæт йæ кæнои бакодта. Йæ амæлæты фæстæ Палуш хорзæхджын æрцы-г Сырх Тырысапы орденæй. Нал бантыст йæ райгуырæн уæзæгмæ æрыздæхын Кужа- йы æртыккаг фырт Сергейæн дæр, Шихантурийы хъæуы кол- хозы активондæр, цæсгомджындæр колхозонтæй сæ нуæн. Кæмдæр æй хæсты быдыры мæлæт йæ сау пазлæзы бын бам- бæхста, æмæ нæ рабæрæг, æгæрмæгуыр, йæ ингæн дæр. Хæсты æвирхъау здухæнты бахаудта. Кужайы цыппæрæм? тохы бæлццон Уаскъа. Тохы быдыры уæззау цæфтæ фæци, афтæмæй уацары бахауд. Немыцаг концлагеры æдзухæп дæр* йæ цард æрдуйыл хæцыди. Цынæ зындзинад, цынæ фыдæ- бæттæ бавзæрста фашистон зындоны, ссæрибар æй кодтой раз- мæбырсæг Советон Æфсад æмæ ма рынчынæй, куыддæртьг йæ фыды уæзæгмæ æрыздæхт. Йæ фыды уæзæгмæ æрыздæхын баитыст Кужайы фæн- дзæм тохы бæлццон Гиойæн дæр. Æрыздæхт æмæ йемæ æр- хаста фарн æмæ уæлахиз. Æвирхъау уыдысты Цхуырбаты Мощкайы фырттæ Ясонг Аршак æмæ Леуапы тохы хæцæнтæ, астæумæ тугæй цæм — сæ фæндæгтæ. Леуан хæсты размæ Цхинвалы типографийы чингуытæ мыхуыргæнæгæй куыста. Куыд зæрдиагæй архайдта Леуан ирон чиныг, ирон мыхуыры рæсугъддзинадыл. Зыдта Леуан,. уыцы чингуытæ адæмæн зонд æмæ рухс кæй дæттынц. Зыдта æмæ архайдта ирон чиныгкæсджытæн зонд æмæ рухсы цы- рæгътæ аивдæр фæлындзыныл. Фæлæ 1941 азы ирон сабитæн. ’ ахуыргæиæн чиныг мыхуыр кæныны рæстæджы фехъуыста æбу- алгъ хабар: хæст райдыдта. Ныууагъта æрдæгмыхуырæй сабн- ты чиныджы æмæ фæцыд, чиныг кæмæн мыхуыр кодта, уы- цы æвзонгсабнты хæсты рынæй бахизыны сæрыл хъазуаттохмæ Фæцыд æмæ сын йæ цардæй бахъахъхъæдта сæ сомбон. 1944- азы йæ цард аскъуыди æрдæгыл. Се ’фсымæрау нал æрыздæхтысты сæ фыды уæзæгмæ- .» Ясон æмæ Аршак дæр. Æвирхъау ,.хæст сæ кæмдæр хæсты фæндагыл ны.йпугай кодта. Сæ тох æрдхæрæн уыд Цхуырбаты Шамелы тохы бæлц- цæттæ Сарди æмæ Селайæн дæр. Сарди хæсты размæ куыста Хуссар Ирыстоны банчьг. Хæсты райдианы ацыд фронтмæ,. уыд ротæйы командир. Хистæр лейтенанты йæ хъæбатырдзина- ды тыххæй йе ’фсæддон командæкæнынад схо’рзæхджын код- та: Сырх Стъалыйы, Фыдыбæстæйон Хæсты æмæ Кады ордентæй. Фæлæ пын уæлахизы бонмæ ацæрып нал бантыст^ 648
кæмдæр, Европæйы, æцæгæлоп зæххыл -æ.фсы^рон ингæны баззад. , Хæсты фыццаг бонты хъæбатырæй мард фæци Шамелы дыккаг лæппу Села дæр, Бессарабийы зæххыл арæнхъахъæ- нæг уыди. Немыцаг-фашистон сырдтæ фыццаг хатт нæ Рай- гуырæн бæстæмæ мæнгардæй. куы æрбабырстой, раст уыцы æвирхъау æнæмсæр тохы фæмард. : Æхсар æмæ лæгдзинадæй фæстæ нæ баззадысты Цхуьф- баты Хъыбылы^фондз тохы бæлццоны дæр: Георги, Гогиа, Ла- ди, Лео æмæ Ваня. Цхуырбаты Кужайы хæдзарау, Хъыбы- лы хæдзарæй дæр фондз разагъта лæппуйы фæцыди стыр хъа- зуатмæ. Сæ хæцæнтæ, сæ тохы фæндæгтæ уæззау æмæ æвир- хъау уыдысты уыдонæн дæр. Се ’хсар, сæ лæгдзинады кой иу.æмæ дыууæ хатты не ’ры- хъуысти*хæсты карз бонты сæ хъæу Шихантуримæ, Фæлæ Хъыбылы бæлццæттæй дæрдыууæ: Георги æмæ Гогиа кæмдæр хæсты быдыры баззадысты. Кæрæдзи фæдыл ма, сау халæттау, сæ фыды уæзæгмæ æртахтысты æрмæстдæр сæ сау гæххæттытæ. Ладийæн уæззау цæфтæй æр’ыздæхын бантыст. Бирæ нал ацард. Хæст йе ’гъатыр æрмттæй бавнæлдта цыппæрæм æфсы- мæр Леомæ дæр, онгцух æй фæкодта, йæ къах хæсты быдыры баззад. Шихантурийы хъæуы дæллаг кæрон, тæккæ рындзыл ис Цхуырбаты Григолы хæдзар. Æрвыл райсом дæр хæдзарæй рахизы дыууæ лæДз’æдж-ы æнцæйтты куырм, зæронд лæг, хæ- дзары хнцау Григол. Тыххæйты бахилы рындзмæ, сбады ду- рыл æмæ йе ’ргом скæны дæлæмæ, коммæ. Æмæ кæд уынгæ ,пицыуал кæны, кæд хъусæй дæр фæцух, уæддæр бады æмæ йе ’ргом скæны фæидагмæ. Афгæ æрвылбон дæр, афтæ ныр æну- сы цыппæрæм хайæ фылдæр æнхъæлмæ кæсы зæронд ныййа- разг йæ тохы бæлццæттæ Никифор æмæ Севамæ. Фæлæ нал зынынц йæ ныфсытæ, йæ мæсгуытæ, æмæ тайы бонæй-бонмæ зæронд лæг. Æвæдза, .куыд даргъ æмæ зæрдæхсайгæ у фæндаг, æплын }Чæ кæрон куы нæ зыны. Не ууæнды зæронд Григолы зæрдæ, не ууæиды. Ау, хъысмæт куыд æгъатыр разынд æмæ дыууæ ди- ’хы цæмæн фæкодта ныййарæджы зæрдæ. Бады къ^ылдымыл куырм, зæронд лæг æмæ мысы йæ хъæбулты сабион бонтæ. Æрхъ>ыдыджын уыд Никифор. Цæр- дæг, къухæй рæвдз алцæ^.æ. Хъуыды ма кæпы Грпгол, æииу мисхалы бæрц дæр ницы ферох зæрондæй, иу хатт Никифор фæйнæджытæй сарæзта хæдтулгæ. Иæ дæр æххæст уæрдон уыд, нæ дæр æххæст машинæ, хъæуы сабиты дзы ралас-балас кодта. Адæм ыл сæ цæст æрывæрдтой. Æниу хæдзæрттæ, гъе, хæдзарон æмæ кусæн мигæнæнтæ аразынм& та Никифорæн ÆМбал кæм уыди. Дæсны æмæ арæхстджын къухты хицауæн 640
иырмй дæр йæ саразгæ мигæнæнтæй бирæ кæмæдæрты цс. Зонд æмæ лæгдзинадæй фæстæ нæ лæууыд йе ’фсымæрæй Сева дæр. Иырма æвзонг лæппу уыд, æвддæс азы дæр ыл нæ- ма сæххæст, ахуыр кодта Дзауы скъолайы, афтæмæй амидæг хæсты цæхæры æмæ дзы хæрз æвзонгæй басыгъд. Фыд нырма æфснайдæй дары йæ хъæбулы чингуытæ, уæд та искуыцæй сæ бæлццон фæзъшдийы ныфсæй æрвиты йæ бонтæ. Нымайы мæйты, нымайы афæдзты, æрвыл аз дæр фенхъæлмæ кæсы уалдзæджы æрцыдмæ, уалдзæг, дам, йемæ цинтæ æрхæссы, фæлæ æрцæуы уалдзæг, æмæ Григолæн цины уац куы нæ ’рхæс- сы йемæ, уæд та ныфсытæ авæры йæхицæн: *«Чи зоны, фидæн уалдзæджы фæзына». Афтæ йыл ныддаргъ сты «фидæнтæ» æмæ нæма зыны йæ кæрон йæ цины уалдзæгæн. Ныддаргъ сты азтæ Цхуырбаты Иликъойы фырттæ Алык- сандр æмæ Сергийыл дæр, нæма зыны сæ "фæндаджы кæрон. Серги арæнхъахъхъæнæг уыди æмæ хæсты фыццаг бонты хт^æ- батырæй фæмард æнæмсæр тохы. Алыксандр та мард фæци 1942 азы Цæгат Кавказы зæххыл. Уæззау цæфтæй ма æрыздæхтис æрмæстдæр Пало æмæ уымæн дæр абоны онг йæ буары хъæдгæмттæ нæ байгас сгы. Нал æрыздæхт хæсты быдырæй Цхуырбаты Бибойы фырт Чъичъо дæр. Иæхиимæ æбæрæг сæфт фæкодтой йæ тохы ха- бæрттæ, йе сгуыхтдз^нæдтæ. ч Хæсты тугæйдзаг цалхы бып басусæг сты Цхуырбаты Тъо- ройы фырт Жорданы тохы хабæрттæ дæр. Кæм хæцыд æмæ цы баци — бæлвырд-бæрæгæй йын ничи ницы ,базыдта. 1942 азы фæудмæ ма йæ цалдæр фыстæджы æрцыд, стæй фыстæ- джытæн аскъуыди сæ кæрон. Тъоройы дыккаг тохы бæлдцон Мухтар фараст цæфы фæци хæсты быдыры, зарæджы куыд дзырдæуы «фараст цæфы-иу цæфы хуызæн». Фæлæ йæ то.ч пæ ныууагъта, цалынмæ фыдгул знаг йæ лæгæты нæ ньГ- цъист æмæ Уæлахизы тырыса Рейхстаджы сæрмæ не сфæнлыд- та, уæдмæ. Тъоройы æртыккаг лæппу Серо хæсты карз бонты хъахъ- хъæдта Мæскуыйы. Хæцгæ фæцыд суангдæр Берлинмæ. Хор- зæхджын у æхсæз орден æмæ аст майданæй. Хæсты фæстæ æфсады рæнхъыты баззад. Ныртæккæ службæ кæны Архап- гельскы. Æрдхæрæн уыдысты Цхуырбаты Закойы фырттæ Шакро æмæ Дианозы тохы хæцæнтæ дæр. Шакро Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ ханад иста урс- финæгты ныхмæ тохы. Уыд кæстæр лейтенант. Фæцæф, æры- здæхт йæ райгуырæи уæзæгмæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг бонты ногæй ацыд хæцæг æфсады рæнхъытæм. Хъæ- батырæй хæцыд. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ æфСябд- дон командæкæныиад схорзæхджын кодта Сырх Стъалшйы, 050
Сырх Тырысайы, Фыдыбæстæйон Хæсты фыццаг къæпхæны æмæ Кады ордентæй, йæ хъæбатырдзинады тыххæй арæх фыстой æфсæддон газетты æмæ цы æфсæддон хайы уыд, уы- ды æфсæддон хайы командæгæнджыты бардзырдты. Фæлæ уы- мæн дæр уæлахизы бонмæ ацæрын нал бантысти. 1944 азьт мард фаши тохы быдыры. Йæ тох æгъуыстаг уыд Закайьг фыккаг фырт Дианозæн дæр. Хæсты фыццаг бонæй суангдæр хæсты фæудмæ уыд хæ- цæг æфсады рæихъыты, стæй уæззау цæфтæй æрыздæхт. Уæлахизы бон фенын нал бантысти Цхуырбаты Уанкъа- пы фырт Илушæн дæр. 1942 азы Цæгат Ирыстоны зæххыл, Джызæлы хъæуы цур размæбырсты рæстæджы знаджы нæмыгзгъалæн скарста номдзыд . командир, хистæр лейтенант Цхуырбаты Хъæвдыны фырт-Серафимы. Пнгæнтæ, ингæнтæ, афтид ингæнтæ... Шихантурийы армы- ’дзаг хъæубæсты уæлмæрды æгъатыр хæст иыссагъта иу æмæ ссæдз афтид ингæны. Уæлмæрды алы фарс — ставд бæрзонд нæзытæ, сæ хъæбы- сы æрбакодтой Шихантурийы хъæубæсты разагъта зынг- хуыст хъæбулты афтид ингæнты æмæ сæ хъахъхъæнынц фыд- уаг дымгæтæй, тæрккъæвдатæй. Уыцы райсомы æрдхæрæйнаджы .рæсугъд æрдз нын цы ’хцондзинад балæвар кодта, уый пын сихорафон фæстæмæ банста. Æнусы цыппæрæм хайы размæ кæххон чысыл ирон хъæуы иы стыр трагеди æрцыди, уый нын, айнæг дурау, нæ зæрдæтыл æрхæндæгдзинад ныффæлдæхта. Цыдыстæм уырдыджы æнæдзургæйæ. фæлæ нæ дыууæ дæр æмбæрстам. кæрæдзийы хъуыдытæ, хъуыды та кодтам иухуызон. Æрæджиау Алыксандр афтæ бакодта: — Æвæдза, стыр зиан æрцыд нæ райгуырæн уæзæг Ирыстоныл. Ахæм хъæу нæй, æгъатыр хæст æрдæг цы хъæубæсты нæ фæкодта, фæлæ дзæгъæлы нæ фæци мæ адæмы хуыздæрты тугкалд. Ирыстойы тохы бæлццæттæ кад æмæ намыс скодтой сæ уæ- зæг, сæ адæмæн. Коммæ нæма æрхæццæ стæм, афтæ нæм Шихантурийы къуылдымæй æрыхъуысти зарын. Уый зæронд фыййау зарыд царды зарæг, уарзты зарæг. Зарыд фыййау, йæ аив цъæхснаг хъæлæс нæрыди кæмт- ты сæрты, зарыд æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма, уый Шихан- турнйы зынпхуыст фæсивæды зарæг у. Æвæццæгæн уыдон дæр. ацы фынйауау, афтæ зарыдысты ацы къуылдымæй. Ныр сæ зарæг уæлæуыл цæргæйæ баззад. Нæ, нæ амард зарæг! ^
ЧИНЫДЖЫ ДЫККАГ ТОМЫ ИС: Р а з н ы х а с (Армийы инæлар Плиты И. А.) ■. 3 А с а т ы Р. Дыууæ революцины æмæ дыууæ дунеон хæсты хъæба- тыр (Абайты Георги) 9 Цхуырбаты И. Гадзыбе (Абайты Гадзыбе) ’ -19 П’литы И. Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатыр (Абайты Угъалыхъ) . 22 X ъ у ы л а т ы Ч. Хаджумары хæрзиуджытæ (Абайты Хаджумар) . 27 П у х а т ы И. Æхсарджын хæстон (Агайты Хъазбег) .... 30 А с а т ы Р. Александр Невскпйы орденхæссæг (Аджамян Александр) . 33 Т ьг д ж ы т ы Ю. Тæхæг Хуысинæ (Айларты Хуысинæ) ... 39 Л азарты X., С а л а м т ы А. Хъæбатыр хæстон (Алыты Зурапп) . 45 Д з у г а т ы Б. Куыд уарзтон цард (Ардаренты Уырысхан, Гæлуаты Мырзабег) •. . ■. . . 53 А с а т ы Р. Асаты Ннкъалайы «Сырх Тырыса» (Асаты Никъала) . . 6! П л н т ы И. Кæддæриддæр раззаг рæнхъыты (Æлборты Раман) ’ . 74 М æ х æ м æ т т ы А. Фыццаг бон (Æфсæнты Амырхан) ... 79 Гугкаты Ш. Урочы пълан (Багаты Самсон) 84 Цхуырбаты И. Дыууæ Валодяйы (Багулты Владимир) . . 91 Д ж и м и т ы Г. Чабæхан (Баситы Чабæхан) 94 Бæдоаты А. Знаджы чъылдыммæ (Бæдоаты Хадзыбатыр) . . 103 Д а у ы р а т ы Д. Ныккæнæм. лæппутæ, уæлахизы зарæг (Бæройты æфсымæртæ). 109 Г æ б у л ты М., Д ж и о т ы Къ. Гвардион брнгадæйы хæстон (Бежан- ты Виссарион) 113 Лазарты X. Бппонты хъысмæт (Беккуызарты Тæтæрхъан) . . 118 Асаты Р. Кавказæй Берлинмæ (Бекъойты Гаврил) ’ • .' . . . 121 Г а г л о й т ы А. Æртæйæн фæйпæ къахы (Бестауты Лео, Грачев Илья, Мелкуев Георги) 131 Гаглойты А. Хæххон лæппуйы хъысмæт (Бестауты Дзамбол) . 136 В и л е н ч и к Ю. Арв æмæ зæххыл (Бететы Къоста) . . . .141) Асаты Р. Гъе, уый дыы мæ мнтæ (Бибылты Суликъо) . . .144 Тъ’’ехты А. Зыигзæрдæ лæппу (Битеты Григол) . . . . 150 Тъехты А. Гвардийы капитан (Битеты Уасил) 153 Хъуылаты Ч. Æндон базыртæ (Богъоты Георги) . . . .157 Г а с с н т ы В. Бурдзиты Мудцæйы хæцæнтæ (Бурдзиты Мудцæ) ’. 163 М а м(с ы р а т ы М у р а т. Терчы хъæбул — Сивашы хъæбатыр (Бте- мыраты Хъазбег) )6В 652
Д з у г а т ы В. Кæд мæлгæ^ уæд тохы. (Бызыккаты Хасанбег) М у р " т ы Д- Партизан — разведчик (Брытъиаты Хаджи-Мурат) П у х а т ы -Ал. Хæсты хъæдгæмттæ (Галуанты Сардион) Г о д ж ы ц а т ы Я. Хъæбатыр танкист (Гамхиташвили Мате) Ц х у ы р б а т ы И. Æртæ сахъ æфсымæры (Гасситы æфсымæртæ) Гаглойт.ы Вл. Царды зарæг, уарзты зарæг (Гасситы Дауыт) П у х а т ы Ал. Фыдыбæстæ сидтис (Гасситы Илья) Г æ б æ р а т ы Н. Æфсымæртæ (Гæбæраты æфсымæртæ) Джиоты С. Нæ дуджы аккаг (Гæбæраты Уардан) А с а т ы Р. Гæззаты Елиоз, мæ хæстон æмбал (Гæззаты Елиоз) Г а г л о й т ы Вл., П у х а т ы Ал. Хъысмæты фыдæнæн (Гобоз- ты Арчил) . Л а з а р т ы X.,. Т ы д ж ы т ы Ю. Домбай хъæбул (Годжыцаты Владимир) . ЦууьГ^б.аты И. Фыды фарн (Гуыцмæзты Алыксандр). Плиты Г. Ингæиæйсыстæг (Гуырджыбегты Хамби) .М а м с ы р а т ы М. Мастисæг (Дауиаты Сергей) Г а с с н т ы В. Дауырон (Дауыраты Илитæ) Плнт ы И. Артиллерист (Даташвили Георги) Бæдоаты А. Датпты хæстон (Датиты Албег) Лсат.ы Р. Дудайты цæхæрцæст (Дудайты Виктор) Р! л б а ч и т ы Ш. Уæззау тыхæвзарæн (Елбачиты Алекси) Н а д н р а д з е Я’. Тохвæдисон (Джанашвили Бескъа) М æ р г ъ и т ы Къ. Мæ къахы сындз кæм фæныхст... (Джелды Д з а с с о х т ы М. Фыдæй-фыртмæ (Джимиты Харитон) Л ж ы г к а н т ы Ф. Ногирмæ-иу фæхæццæ кæн мæ хабар (Джиоты æц сымæртæ) Д ж н о т ы С. Мелкойы æртæ фырты (Джиоты æфсымæртæ) Гаглоиты Ф. Таурæгъон ном (Джио’ты Къоста) Ф æ р н и а т ы Дз. Тохы æхст (Джиоты Мелитон) Б и б ы л т ы О. Редакци райста фыстæг (Джиоты Самсон) X о с т ы х ъ о т ы 3. «Дзыццамæ мып чи бадзурдзæни?» (Джиоты Владимир) А с а т ы Р. Ирыстонæй — Чехословакимæ (Джиоты Ясон) ■Внлен^ и к Ю. Сталинградæй — Берлинмæ (Дзассохты Гсорги) П л н т ы И. Дзандоры хæстон фæндаг (Дзассохты Дзандор) Г! у х а т ы Ал., Г а г л о й т ы Вл. Хæххон цæргæс (Дзæгъиаты Алекси) Мамсыраты М. Æмгæртты тугисæг (Дзæххаты Уамазан, Д з у ц ц а т ы Е в г е н, У р т а т ы М и ш æ) . . . . . А’амсырат ы М. Нæлгоймаг дæр фæкæуы (Дзгойты Георги, Гуы- цъынаты Федыр) М а м с ы р а т ы М. Федыры уынг (Дзгойты Федыр) Г у г к а т ы Ш. Фæднсои хъæу (Едысы хъæуы фæсивæд) Плнты И. Булкъон Зассеты Виктор (Зассеты Виктор). Г а г л о й т ы Вл. Мысы зæрдæ, риссы зæрдæ (Зассеты æфсымæртæ) Ф æ р н и а т ы Дз. Цæсты рухс (Зæгъойты Ладикъо) Г а г л о й т ы Вл. Æдзæрæг уæзгуытæ (Зæгъойты хъæуы фæсивæд) ты Илья) 653
Л а з а р т ы X. Фæскомцæдисоиы фæндаг (Зæндэюиаты Хъ.) Д з у г а т ы Г. Æфсæн бæхы æхсар барæг (Икъаты Илья) П у х а т ы И. Хъазбеджы хæстон фæндаг (Кæркуысты Хъазбег) . А с а т ы Р. Æстдæсæй ну уыдис ирон (Кæсæбиты Тæтæри) , Г а г л о й т ы А. Козаты цыппар зыигхуыст æфсымæры (Козаты æф- сымæртæ) Т у а ты С. Лæджы кад цæры æнустæм (Козаты æфсымæртæ) Д з у г а т ы Г. Нæмыджы схъпс (Козаты Михаил) А с а т ы Р. Цæргæсы зæххыл нæ фæнды мæлын (Кокойты Тариэл) Д ж и о т ы С. Чеселтгоймаг хæстон (Коцты Алекси) . Голоты Вл. Уыдон схæлар сты фронты (Кулиджанов’ Уасил, Мнъе- длишвили Баграт) X у ы г а т ы С. Симоны стъалытæ (Къалаты Симон) Пухаты И. Мысинл’ фæндаг ’ (Къацты Георги) X ъ у ы л а т ы Ч. Дуне сабыр уæд! (Мамсыраты Камал) П л и т ы И. Мæргъиты цыппар æфсымæры (Мæргъиты æфсымæртæ) П л и т ы И. Кады ордены хицау (Мæргъиты Филипп) А с а т ы Р Сылгоймаджы лæджыгъæд {Мæрзойты Лези, Шульгина Лрасковья) П у х а т ы Ал. Зæрдæйы цæссыгтæ (Плиты æфсымæртæ) , Г а г л о й т ы Вл. «Цæрдзынæн», — загъта (Плиты æфсымæртæ) Плиты И. Дæлб)лкъои (Плиты Георги) . . . , . П у х а т ы , И. . Хæсты быдыры (Плиты Петр) .... Д з у г а т ы Г. Бæрзонд хæхтæ — цæргæсхæтæн (Плиты Муссæ) Пухаты Ал. Тæссаг фæндæгтыл (Пухаты Владимир) П у х а т ы И.^ П у х а т ы Ал. Зарæг ахæццæ Берлинмæ (Пухаты Михаил) Гаглойты Г. Куыд райхæлди æлхынцъ (Сагкаты Дауыт) Ц х у ы р б а т ы И. Лæджы фарп (Санахъоты Антъон) Г а г л о й т ы Г. Адæймаджы царявæнцаг (Санахъоты Виктор) А с а т ы Р. Къоста (Сиукъаты Къоста) X ъ о р о т ы С. Хъайтартæ нæ мæлынц (Саулохты Никъала) А н д н а т ы М. Тырыса сæмбæлд пæ полкыл (Табеккаты Хадизæт) Г а г л о и т ы Вл. «Ныззарæм ма фæсивæд!» (Тедеты æфсымæр- Д ж н о т ы С. Хъæбатыр афицер (Тедеты Владимир) П у х а т ы И. Хæстон фæндаг (Тедеты Садул) П л н т ы И. Тохы дæр, куысты дæр (Титов Петр) П у х а т ы И. Тогуызты Георги (Тогуызты Георги) Г а г л о й т ы А. Мады сагъæс (Тыбылты æфсымæртæ) П у х а т ы Ал. Лæг. тохы фæлтæры (Тыбылты Владимир) П у х а т ы И. Иæ рахиз цопг хæсты быдыры баззад (Тыбылты Илья) Гафез. Амыранау баст, фидар (Тыбылты Къола) Г а г п о й т ы Вл. Цардæй мæлæты æхсæн (Тыджыты Сергей) А с а т ы Р. Лбннны орден № 9462 (Туаты Харитон) Т ъ е х т ы А. Минаметон ротæйы командир (Тъотъоты Ростик) 1'Цбæраты Н, Йæ хæс бафыста, фæлæ... (Уалыты Алекси) 654
Г а г л о й т ы А. Арты пиллоиы (Уанеты Александр) . Г а г л о й т ы Вл. Уæлæуыл баззадис йæ иом (Уалыты Димитр) Д з у г а т ы Г. Æфсады хъустæ æмæ цæстытæ (Харебаты Арон) . дзугаты Г. Сидзæр лæппуйы хъысмæт (Харебаты Александр) дж)1оты С. Хъаруджын афицер (Хæситы Михаи ?) Ц х V ы р б а т ы И. Хуыбиаты Леуаи (Хуыбиаты Леуан) П у х а т ы П. Хуыбецты фондз æфсымæры (Хуыбецгы æфсымæртæ) Не/ты А. Хъæбатыр салдат (Хуыгаты Рутен) На^ртыхты Г. Терчы былæй Дунаймæ (Хуыгаты Иван (Тадиоз) ,, Д ж ы г к а п т ы Ф. Фондз æфсымæры цырт (Хъалæгаты æфсымæртæ) Г а с с и т ы В. Махческаг номдзыд булкъон (Хъойбайты Амырхан) I ъ е х т ы А. Фæндæгтæ... фæндæгтæ... (Хъоцыты Раман) • Г а г л о й т ы Вл. Æмæ иыййарæг æнхъæлмæ касти... (Хъуылымбегты Щаликъо) . . . ... II х у ы р б а т ы И. Пидойы бапзæттаг (Цхуырбаты æфсымæртæ) ЦхуырЪаты И. Авд хæстоны хъысмæт (Цхуырбаты æфсымæртæ) ]Г а г лЪ й т ы Вл. Уырыссаг бæрзбæлас (Цхырбаты Граф) А с а т ы Р. Зынгхуыст къамисары фыстæджытæ (Цхуырбаты Влади- $ир) I' о л о т ы В., П у х а т ы И. Гвардийы капитан (Чилæхсаты Платон) М а м с ы р а т ы М. Зарæг лæгдзинадыл (Чыпыраты æфсымæртæ) П л и т ы И. Чысиаты Резойы сгуыхтдзинæдтæ (Чысиаты Резо) Г а г л о й т ы Вл. Афтид иигæнтæ (ШихантуриОы хъæуы фæсивæд) *
КОЛЛЕКТИВ АВТОРОВ ШЛА ВОЙНА НАРОДНАЯ Очерки о прославленных воинах (на осетинском языке) Издательство «Ирыстон* Спец. редакторы: В. Э. Гассиев и С. В. Джиоез Редакторы: Вл. М. Гаглойты и Ал. С. Пухасв Худредактор А. Д. Ванеев Техредактор В. А. Тедеева Корректор Д. С. Кумаритова Сдано в набор 25-Х1-1969 г. Подп. к печати ЗО-Ш-1970 г. Формат бум. 60x90716. Печ. лпстов 41. Уч.-изд. л. 37,5 Тираж 2000 экз. ЭТ 00210. Зак., тип. 109. Цена 1 р. 68 коп. Издательство «Ирыстон», г. Цхннвали, ул. Ленина, 3. Цхиивальская типография, г. Цхинвали, ул. Московская, 5.-