Text
                    ЭРНБСТ ХЕМИНГУЭЙ
ЗÆРОНД ЛÆГ
æмæ
ДЕНДЖЫЗ
(Уырыссаг æвзагæй Дзадтиаты Гиуæргийы
тæлмац)
ХУССАР ИРЫСТОНЫ РАУАГЪДЛДЫ
ЧИНГУЫТЫ СЕКТОР
ЦХИНВАЛ — 1966


ЗÆРОНД ЛÆГ ÆМÆ ДЕНДЖЫЗ Зæронд лæгæн уыди бæлæгъ æмæ иунæгæй кæсаг ахста Гольфстримы денджызы. Ныр цып- пар æмæ цыппарыссæдз боны цæуы денджызмæ æмæ иунæг кæф дæр йæ къухы нæ бафтыд. Фыц- цаг дыууиссæдз боны йемæ цыди иу лæппу. Фæлæ бонæй-бонмæ сæ къухы куы ницы æфтыд, уæд лæппуйæн йæ мадæмæ йæ фыд загътой, зæгъгæ, зæронд лæгмæ æшшндæр нкцыуал амонд кæсы, æмæ уый адыл сæ лæппуйы ден- джызмæ æрвитын байдыдтой æндæр о’æлæгъимæ. Уыцы бæлæгъ æцæгдæр тæккæ фыццаг къуыри æрласта æртæ егъау кæфы. Зын уыд лæппуйæн, зæронд лæг-иу æрвыл бон дæр афтид армæй кæй æрбаздæхт, уымæ кæсын, æмæ-иу йæ размæ ацыд денджызы былмæ, цæмæй йæм фæкастаид кæсагахсæн мигæнæытæ, хæдз æмæ бæлæгъы хъæдыл тыхт пæлæз хæдзармæ схæссыымæ. Пæ- лæз иууылдæр уыди четæны гæлпæлтæй æм- пъызтытæ, æмæ топптыхтæй саст полчъы тыры- сайæ хъауджыдæр нæ уыд. Мæллæг, цардæфхæрд уыди зæронд лæг, йæ 3
къæбут—угæрдтæ арф æнцъылдтытæй, йæ рус тæ—удæп æдас ракы бурбын тæппытæй æмæх гæд. Уыцы рак фæзыны, тропикон денджызы уæлцъарæй хуры тынтæ лæджы цæсгоммæ кæй схъиуынц, уымæй. Уыцы тæппытæ йæ рустыл дæлæмæ æрцыдыс- ты æмæ суанг йæ хъуыртæм æрхæццæ сты. Йæ къухыларф нуæстæ—егъау кæфтæласгæйæ йын синагæй алыгтæ сты, фæлæ йыл ног хъæдгом нæ уыд. Уыдон рагон хъæдгæмттæ уыдысты, рагæй æнæдон чи баззад, ахæм æдзæрæг хус зæххы скъуыдты хуызæи. Цыдæриддæр ын уыд, уыдон иууылдæр зæ- ронд, æрмæст йæ цæстыты йедтæмæ. Фæлæ йæ цæстытæ хуызæй уыдысты денджызы хуызæн, басæттын чи нæ комы, ахæм лæджы хъæлдзæг цæстытæ. — Оантьяго,—загъта йын лæппу, денджызы былæй, бæлæгъ кæм уыд, уырдыгæй фæндагьм уæлæмæ куы сцæйцыдысты, уæд,—ныр иу чы сыл æхца бакуыстам æмæ та мын демæ денджыз- мæ цæуæн ис. Зæронд лæг лæппуйы сахуыр кодта кæсаг ахсын, æмæ йæ лæппу уарзта. — Нæ,—загъта зæронд лæг,—-ды амондджын бæлæгъмæ бахаудтæ æмæ уым лæу. — Дæ зæрдыл ма лæууы, иу хатт æвддæс æмæ æртиссæдз боны фæцыдтæ денджызмæ æмæ æп- 4
пындæр ницы æрцахстай, стæй æз æмæ ды æр- тæ къуырийы дæргъы æрвыл бон дæр ластам иу сгъау кæф. — Куыннæстæй, мæ зæрдыл лæууы,— загъта зæронд лæг. —Æз æй зонын, ды мæнæй уый тых- хæй нæ ацыдтæ, æмæ дæ иæ уырныдта. — Мæ фыд мын загъта, æз нырма лæппу дæн *мæ хъуамæ йæ коммæ кæсон. — Зонын æй,— загъта зæронд лæг. — Уæдæ ^уыд вæййы. — Уый æппынд&р нæ уырны. — Зонын æй,—загъта зæронд лæг.—Фæлæ æз смæ дæу уырны. Афтæ нæу? — Кæй зæгъын æй хъæуы. Цæй, бæгæнымæ 1,æ фæхонон Террасмæ, нæ дæ фæнды? Кæсаг-, ^хсæн мигæнæнтæ стæй схæсдзыстæм хæдзар- ч! æ. — Цæмæннæ,—-загъта зæронд лæг. — Кæсагах- сæг кæсагахсæджы куы хона, уæд... Вадынц Террасы. Кæсагахсджытæй бирæ чи- дæртæ худынц зæронд лæгыл, фæлæ сæм уый хæрам зæрдæ нæ дары. Асдæр кæсагахсджытæн хъыг уыд, зæронд лæджы уыцы хуызæнæй гсæй уыдтой, уый, фæлæ йæ æттæмæ не ’вдыстой. 1ыхас æрыфтыдтой, дендясызы дон кæцырдæм цæуьт, цæй æрфæн ныппарыиц æкгуыр, куыд у боныгъæд, цы федтой денджызы æмæ æндæр ахæмтыл. Кæсагахсæг адæмæй уыцы бон рай- 5
гонд чи фæци, уыдон ныр кæсагахсынæй фæс- тæмæ æрбаздæхтысты, сæ кæфтæ акъæртт код- той, сæ тъæнгтæ сын акалдтой æмæ сæ дыууæ фæйнæгыл цæхгæрмæ самадтой, стæй фæйнæ- джыты кæрæттыл дыгай лæгтæй схæцьгдысты æмæ сæ кæсагæвæрæнкъæбицмæ бахаетой, уыр- дыгæй тасæ рефрижераторыл аласдзысты базар- мæ Гаванæмæ. Кæсагахсджытæй акулæтæ чи ’рцахста, уыдон сæ радтой донбакæлæны фаллаг фарс акулæйы фабрикмæ; уым сæ æрцауыгътой, акъæртт сæ кодтой æмæ сын сæ игæртæ райстой, ралыг сын кодтой сæ базыртæ, растыгътой сын сæ цæрмт- тæ æмæ сын сæ фыд тæнæг уаццæгтæ скодтой цæхдоны нывæрынмæ. Хурысгсæсæнæй-иу куы дымдта,. уæд-иу аку- лæйы фабрикæй æвзæр тæф хаста. Фæлæ дзы абон æвзæр тæф нæ уыд, амæн æмæ дымгæ цæгаты- рдæм раивта, стæй ныссабыр, уый адыл Терра- сы уыди хур æмæ зæрдæйæн æхцон. — Сантьяго,—загъта лæппу. — Цы зæгъыс?—афарста йæ зæрэнд лæг, йæ бæгæныйы агуывзæмæ кæсгæйæ, æмæ йæ зæр- дыл æрлæууыдысты раджы аивгъуыйгæ бонтæ. — Цæй, райсоммæ дын æнгуырыл бакæнынæн сардин кæсæгтæ æрцахсон, и? — Нæ хъæуы, фæлтау бейсболæй ахъаз. Ныр- в
ма мæхицæн дæр мæ бон у доивыййагæй арха- йын, Роджелио та хыз баппардзæн. — Нæ, фæлтау мæ ауадз. Кæд мын демæ кæ- сагахсынмæ цæуæн нæй, уæддæр мæ тынг фæн- ды, истæмæй дын куы баххуыскæнин, уый. — Мæнæ мæ бæгæнымæ куы фæхуыдтай,— загъта зæронд лæг. — Ды ныр лæг цæ. — Цал азы мыл цыд, фыццаг хатт мæ ден- джызмæ куы акодтай, уæд. — Фондз азы, æмæ чысыл ма бахъæуа бабын уай, бæлæгъмæ удæгас кæф куы ’рбаппæрстон æмæ алцæппæтæн дæр нызгъæлæнтæ кæнынæй тас куы уыд, уæд. Дæ зæрдыл ма лæууы? — Мæ зæрдыл лæууы, йæ къæдзилæй куыд цавта, бадæн куыд асаста æмæ йæ ды хъилæй куыд цавтай, уый. Мæ зæрдыл ма лæууы, бæ- лæгъы фындзмæ, хуылыдз мигæнæнтæ кæм уы- дысты, уырдæм мæ куыд фехстай, уый. Бæлæгъ дзортт-дзортт кодта, дæ хъил афтæ хоста, цыма искуы хъæдтæ калдтой, æмæ мæ зæрдæ хæццæ кодта туджы тæфæй. — Уыдæттæ иууылдæр æцæг хъуыды кæныс æвр дын сæ уый фæстæ мæхæдæг дзырдтон? — Мæнæн алцы дæр мæ зæрдыл лæууы, фыц- цаг хатт мæ денджызмæ куы акодтай, уыцы бо- -нæй фæстæмæ. Зæронд лæг æм бакаст йæ хурæ|>хæрд сырх, зæрдæхæлар æмæ уарзæгой цæстытæй: 7
— Мæ лæппу куы уаис, уæд дæ ныр дæр акæ- нин мемæ. Фæлæ дæуæн ис мад æмæ фыд, стæй- дæр амондджын бæлæгъмæ бахаудтæ. —-Цæй, уæддæр дын сардин кæсæгтæм ныу- уайон. Æз зонын, цыппар цъенгуыры кæм са- малгæнæн ис, уый. —Нырма мын абоны уæттæ дæр æнæхъæн сты. Цæхх сыл æркодтон æмæ сæ асыччы нывæрдтон. — Æз дын самал кæндзынæн цыппар ног цъен- гуыры. — Иу,—не сразы зæронд лæг. Уымæн æнæуый дæр йæ ныфс никуы саст, фæлæ ныр йæ зæрдæйы фылдæр ныфс бацыд, цыма денджызæй ног дымгæ раулæфыд, уыйау. — Дыууæ,—загъта лæппу. — Хорз, дыууæ,—сразы зæронд лæг. — Фæлæ сæ скъæфгæ миййаг макуыцæй ракæнай? — Сæр куы бахъæуа, уæд скъæфгæ дæр ра- кæнин. Фæлæ сæ æлхæнгæ бакодтон. — Бузныг,—загъта зæронд лæг. Вæронд лæг уыди тынг фæлмæнзæрдæ æмæ нæ ахъуыды кодта, сразы уæвыны зæрдæ йæм кæй æрцыд, ууыл. Фæлæ йæм сразыйы хъуы- ды кæй æрцыд, уый йæ худинаг дæр æмæ æг&д дæр кæй ницæмæй фæкодта, уый æнæзонгæ нæ уыд, — Кæд дымгæ нæ раива, уæд райсом хорз бон у&гдзæн,—загъта зæронд лæг. — Кæм ахсдзынæ кæсаг? 8
— Денджызы былгæронæй дæрддзæф. Фæстæ- мæ раздæхдзынæн, дымгæ куы раива, уæд. Цæу- гæ сæумæцъæхæй кæндзынæн. — Хъуамæ мæхионæн дæр зæгъон, цæмæй дарддæр ацæуа. Тынг егъау кæфыл куы фæ- хæст уай, уæд дын мах баххуыс кæндзыстæм. —Дæуон денджызы былæй æгæр дард цæуын нæ уарзы. — Афтæ у,—загъта лæппу.—Фæлæ æз ден- джызы сбæрæг кæндзынæн, уымæн йæ цæст цы нæ равзара, ахæм исты,—дзырдæн, кæсаглас мæргътæ. Уæд æм бахатæн уыдзæн, цæмæй денджызы былæй дарддæр ацæуа сыгъзæрин ма- крелы фæдыл. — Ау, йæ цæстытæ æцæг афтæ сахъат сты? — Оаугуырммæ йæ бирæ нал хъæуы. — Стыр диссаг. Афтæмæй уартджын хæфсы- тæ дæр никуы ахста. Уыдонæй тынгдæр ницæ- мæй куырм кæны лæг. — Афтæмæй ды цал æмæ цал азы цыдтæ уарт- джын хæфсытæм Москитон былгæронмæ, фæлæ дæ цæстытæ дзæбæх сты. — Æз хуымæтæджы зæронд лæг нæ дæн. — Æмæ дæм тынг стыр кæф куы ’рхауа, уæд дæм уый бæрц тых разындзæы? — Æнхъæл дæн, разындзæн мæм. Ам сæйраг хъуыддаг арæхст у. — Цæй, мигæнæнтæ хæдзармæ схæссæм. Стæй 9
æз хыз рахæсдзынæн æмæ сардиитæм ныууай- дзынæн. Бæлæгъæй райстой кæсагахсæн мигæнæнтæ. Зæронд лæг йæ уæхскыл хаста бæлæгъхъæд, лæппу та хъяедын асыччы гьæбæр тыхт бурбын æнгуыры бæхсныг, хæдз æмæ бæттæнджын æхс- гæ хæдз. Æнгуырыл кæнынæн æм цы цъенгуыр- тæ уыди асыччы, уыдон сгъау кæфмарæн хъи- лимæ баззадысты бæлæгъы. Æвæццæгæн, зæ- ронд лæджы мигæнæнтæ адавыны фæнд никæмæ æрцыдаид, фæлæ уæддæр пæлæз æмæ уæззау мигæнæнтæ хæдзармæ схæссын хуыздæр уыди, цæмæй æртæхы ма ныуумæл уыдаиккой. Æниу зæронд лæджы тынг уырныдта, бынæттон адæ- мæй йын йæ папитæм кæй ничи бабæлдзæни, уый, фæлæ йæм уæддæр аивдæр каст хæдз, аф- тæ æхсгæ хæдз дæр фыдбылызæй бахизын. Фæндагыл суадысты зæронд лæджы къæсмæ, къæсы дуаруыд гом æмæ мидæмæ бахызтыс- ты. Зæронд лæг къулыл банцой кодта бæлæгъ- хъæд — пæлæз дæр йæ уæлæ тыхт. Лæппу йын йæ цуры æрывæрдта иннæ мигæнæнтæ. Бæлæгъхъæд уради къæсы дæргъæй гæзæмæ цыбырдæр. Къæс арæзт уыди пальмæйы сыф- тæртæй, ам æй §цапо хонынц. Къæсы уыдк сын- тæг, стъол æмæ бандон. Æлыгбын астæрдыл— дзьръхъ хъæдын æвзалытыл хæринаг кæнынæн. Æнгом над фæскъауджын сыфтæртæй амад бур- 10
бын къултыл уыди хуызджын ахорæнтæй конд Хуыцауы зæрдæ æмæ 8ап1а Мапа йе1 СоЬге- йы ныв. Йæ мæгуыр усæй йын баззадысты. Къулыл кæддæр ауыгъд уыди усæн йæхи къам дæр, рæсугъд арæзт. Фæлæ йæ стæй зæронд лæг райста, амæн æмæ уымæ кæсынæй лæг æгæр æнкъард кодта. Ныр уыцы къам уыди къуымы, таройыл, сыгъдæг хæдоны бын. — Цы дын ис æхсæвæрæн?—бафарста лæппу. — Бур пырындзы къус æмæ кæсаг. Хъæуы дæ? — Нæ, æз хæдзары бахæрдзынæн. Арт дын скæнон? — Нæ хъæуы. Мæхæдæг æсарт кæндзынæн фæстæдæр. Науæд, чи зоны, пырындз афтæмæй бахæрон, уазалæй. — Гæнæн ис æмæ хыз райсон? — Кæй зæгъын æй хъæуы. Зæронд лæгмæ хыз рагæй нал уыд — лæппу- йæн йæ зæрдыл лæууыд, сæ дыууæ йæ кæд ауæй кодтой, уый, дæр. Фæлæ уæддæр сæ дыу- уæ дæр алæбон сæхи афтæ æвдыстой, цыма зæронд лæгмæ хыз ис. ^Нæ йæм уыди бур пырын- дзы къус æмæ кæсаг дæр, æмæ уый дæр æнæ- зонгæ нæ уыд лæппу. — Фондз æмæ цыппарыссæдзы—уый амондджын нымæц у,—загъта зæронд лæг.—-Агъæц, куыд æрцахсдзынæн райсом, мин джиранкайы чи ра- Цæуа, ахæм кæф? 11
— Æз хыз ссардзынæн, æмæ сардинтæ ахсын- мæ ныууайдзынæн. Мæнæ уал къæсæрыл абад. Ардæм хур кæсы. — Хорз. Зноны газет мæм ис. Бакæсдзынæн дзы бейсболы хабæрттæ. Лæппу нæ зыдта, зæронд лæгмæ газот æцæг ис æви уый дæр мысæггаг у, уый. Фæлæ зæ- ронд лæг æцæгдæр сынтæджы бынæй газет ра- ласта. -Перико мын æй радта арахъхъы дуканийы,— бамбарын кодта зæронд лæг. — Æрмæст сардинтæ æрцахсдзынæн æмæ фæс- тæмæ фездæхдзыяæн. Мæхиуæттæ дæр æмæ дæуæттæ дæр ихыл нывæрдзынæн, стæй сæ рай- сом адих кæндзыстæм. Куы сыздæхон, уæд-иу мын бейсболы хабæрттæ радзур. — „Янкитæ" нæ фембылд уыдзысты. — Миййаг сæ кливлендаг „Индейæгтæ" куы басæттой? — Ма тæрс, мæ хъæбул. Æрымыс-ма цытджын Ди Маджио-йы. — Æз канд „Индейæгтæй" нæ, фæлæ детрои- таг „Тигртæй" дæр тæрсын. — Ды, æвæццæгæн, рæхджы цинциннатаг „СиГрхцармджынтæй" æмæ чикагойаг „Урс цъын- датæй" дæр тæрсдзынæ. — Газет бакæс æмæ фæстæмæ куы сыздæхон, уæд-иу мын радзур. 12
— Цымæ куыд уаид, йæ номыр фондз æмæ цыппарыссæдзы кæмæн у, ахæм лотарейон би- лет куы балхæниккам, зæД? Райсом фондз æмæ цыппарыссæдзæм бон уыдзæн. — Цæмæннæ хъуамæ балхæнæм?—загъта лæп- пу.—Чи зоны, авд æмæ цыппарнссæдзы кæмæн уа йæ номыр, ахæм хуыздæр уаид? Айразмæ авд æмæ цыппарыссæдз боны куы сæххæст. — Иу хъуыддаг дыууæ хатты никуы æрцæуы. Фондз æмæ цыппарыссæдзы кæмæн уа йæ но- мыр, ахæм билет ссардзынæ? — Заказ ратдзынæн. — Иу билет. Дыууæ доллары æмæ æрдæгæй. Кæм ссардæуа хæс? — Уый ницы тыхсинаг у. Æз дыууæ доллары æмæ æрдæг хæс кæддæриддæр ссардзынæн. — Æз дæр, æвæццæгæн, ссарин. Æрмæст æз архайын, цæмæй хæс ма райсон. Лæг фыццаг хæс фæкуры, стæй та мæгуыргур свæййы... Дæхи хъахъхъæн, уазал дæ ма бацæуæд. Рох дæ ма уæд— сентябрь у. — Сентябры егъау кæфтæ вæййы. Майсийы чидæриддæр зоны кæсаг ахсын. — Цæй, æз цæуын сардинтæм,—загъта лæппу. Цалынмæ фæстæмæ здæхт лæппу, уæдмæ хур аныгуылд. Зæронд лæг бандоныл бадт æмæ фы- нæй кодта. Лæппу сынтæгæй систа салдаттаг 13
зæронд хъæццул æмæ дзы бандоны чъылдым æмæ зæронд лæджы уæхсчытæ æрæмбæрзта. Диссаджы уæхсчытæ дæр уыдысты—домбай- арæзт, кæд зæронд уыди, уæддæр, стæй йæ бæрзæй дæр тыхджын, æмæ ныр, йæ сæр йæ риумæ æруадзгæйæ, фынæй куы кодта, уæд йе ’нцъылдтытæ афтæ тынг нæ зындысты. Йæ хæ- донæй дæр, йæ наупæлæзау, иу гæппæл дæр æнæмпъызт нæ уыд, æмæ æмпъузæнтæ хъулон дардтой, амæн æмæ хурмæ æмхуызон нæ сив- той. Фæлæ уæддæр лæгæн йæ цæсгом тынг зæ- ронд уыди, æмæ ныртæккæ, фынæй куы кодта æмæ йæ цæстытæ цъынд куы уыдысты, уæд йæ цæсгом æппындæр удæгас лæджы цæсгомы хуызæн нæ уыд. Газет уыди йæ уæрджытыл æвæрд æмæ йыл йæ рæмбынкæдзæй æнцой код- та, цæмæй йæ дымгæ ма аскъæфтаид. Йæ къæх- тæ—гом. Лæппу йæ нæ райхъал кодта, ацыди. Фæстæ- мæ йæм куы ’рбаздæхт, уæддæр ма фынæй код- та зæронд лæг. — Райхъал у!—сдзырдта йæм лæппу æмæ йын йæ къух йæ уæрагыл æрывæрдта. Зæронд лæг йæ цæстытæй ракаст æмæ афтæ зынд, цыма цалдæр цæстыныкъуылды бæрц дард кæцæйдæр æрыздæхы. Отæй йæ мидбыл бахудт. — Цы ’рхастай? — Æхсæвæр, Ныртæккæ бахæрдзыстæм. — Мæнæн уый бæрц стонджы дæр нæу. 14
— Хæргæ, хæргæ. Æххормагæй кæсагахсæн нæй. — Мæныл къорд хæттыты æрцыд ахæм хабар,— загътазæронд лæг,—сыстад æмæ йæ газет стых- та, Стæй тухын райдыдта йæ хъæццул дæр. — Хъæццул уал уадз, — загъта лæппу. — Ца- лынмæ æз удæгас он, уæдмæ дæ кæсагахсынмæ æххормагæй нæ ауадздзынæн. — Уæдæ дæхимæ кæс æмæ цас гæнæн ’ис, уы- мæй фылдæр цæр,—загъта зæронд лæг.—Хæри- наг та нæм цы ис? — Сау хъæдуртæ пырындзимæ, сурфых банан- тæ æмæ стуры фыд. Лæппу хæринаг æрбахаста Террасы къаннæг ресторанæй згъæр мигæнæнты. Вилкæтæ, кæрд- тæ æмæ уидгуытæ нывæрдта йæ дзыппы. Алы дзаума дæр хицæнæй гæххæттыы салфеткæйы тыхт. . — Чи дын радта уытæппæт? — Мартин, рестораны хицау. — Раарфæ йын хъæуы. — Раарфæ йын кодтон,—загъта лæппу, — дæ зæрдæ йæм ма ’хсайæд. — Стыр кæфæн ын йæ хуыздæр хай бахуын кæндзынæн,— загъта зæронд лæг.— Фыццаг хатт нын не ’ххуыс кæны. Афтæ нæу? — Вæгуыдæр. — Уæдæ йын иу хай дæр чысыл уыдзæн. Би- рæ хæрзты нын бацыд. 15
— Абон та нын бæгæны дæр радта. — Æз фылдæр консервгонд бæгæны уарзын. — Зонын æй. Фæлæ нын абон бæгæны радта æвгты. Æвгтæ йын æз фæстæмæ ратдзынæн. — Бузныг,—загъта зæронд лæг, — Уæдæ хæ- рæм? — Æз дын рагæй дзурын, — рæвдауæгау ын бауайдзæф кодта лæппу. — Æнхъæлмæ кæсын, фынгыл кæд сбаддзынæ, уьшæ. Мигæцæнтæ нæ гом кæнын, цæмæй хæринаг ма ныууазал уа. — Æри. Æниу ма мæ мæхи ахсын дæр хъуыд, фæлæ.,. „Цымæ кæм хъуамæ ныхсадтаис дæхи?"~ ахъуыды кодта лæппу. Донмæ цæуьш хъуыд дыууæ сыхы фалдæр. Æрцæттæ йын хъæуы дон, сапон æмæ хорз æрттæсæрфæн. Ныры онг мæ хъуыдыйы куыннæ ’рцыд? Хъæуы йæ ног хæдон, зымæгон къандзол, исты къахыдарæс æмæ ма ноджыдæр иу хъæццул". — Хæрзад фыдызгъæл у,—раппæлыд дзы зæ- ронд лæг. — Радзур ма мын бейсболы хабæрттæ,—загъта йын лæппу. — Куыд дзырдтон, афтæ рауад хабар—Амери- кæйы лигайы æмбулынц „Янкитæа,—разæнгардæй райдыдта зæронд лæг. — О, фæлæ сæ абон ыыппырх кодтой. ’— Уый ницы кæньг. Уый хыгъд та цытджын Ди Маджио формæйы бацыд. 16
«- Канд уый нæй камачдæйы. — Уымæй раст зæгъыс. Фæлæ хъаст куыд ра« уайдзæн> уый иууылдæр ууыл ’баст у. Дыккаг лигайы хъазынц Бруклинæгтæ æмæ Филадел- фийæгтæ—рамбулынæй ныфсæвæрæн ис æрмæст Бруклинæгтæн. Æниу, æвæдза, хъуыды ма кæныс, Дик Сайзлер куыд хæцыд? Куыд цавта, зæронд парчы куы хæцыд, уæд! — Ыттæг хорз! Уымæй дарддæр ничи æхсы. — Хъуыды ма кæныс, Террасмæ-иу æрбацыд? Фæндыд мæ, зæгъын, мемæ йæ кæсагахсынмæ куы ахуыдтаин, фæлæ фефсæрмы дæн. Дæуæн дæр дзырдтон, цæмæй йæ æрхуыдтаис, фæлæ ды дæр фефсæрмы дæ. — Мæ зæрдыл лæууы. Æдылы ми уыд, кæй фæтарстæн,уый. У#д та сразы?Лæг цæрæнбон- мæ дæр кæй иæ ферох кодтаид, ахæм хъуыддаг уыдаид! —-Ех, денджызмæ демæ цытджын Ди Маджио- йы акæн,—загъта зæронд лæг.—Йæ фыд, дам,< кæсагахсæг уыди, зæгъынц. Чи йын цы зоны, чи зоны йæхæдæг дæр кæддæр, махау, мæгуыр уыд, æмæ ныл æнæввæрсон нæ уыдаид. —Цытджын Оайзлеры фыд ыикуы уыди мæ- гуыр. Мæныл цал азы цæуы, уал азы йыл куы Цыд, уæд æцæг камандæты хъазыд. — Дæуыл цал азы цæуы, мæныл уал азы куы цыди, уæд-иу æз пæлæзджын бæлæгъыл юнго- 2* 17
йæ аленк кодтон Африкæйы донбылгæрæттæм. Изæрыгæтты-иу уыдтон, доны тæнæг былтæм-иу домбайтæ куыд рацыдысты, уый. — Дзырдтай, мын æй. — Цæуыл уа нæ ныхас: Африкæйыл æви бейс- болыл? — Бейсболыл хуыздæр уыдзæн. Радзур мын цытджын Джон Мак-Груйы хабæрттæ. — Раздæр-иу нæм уый дæр æрбауад Террас- мæ. Фæлæ-иу нозтджынæй тынг зынархайд уы- ди. Йæ сæры канд бейсбол нæ, фæлæ бæхтæ дæр уыди. Æппынæдзух йæ дзыппыты хаста дугъты программæтæ æмæ телефонæй дзырдта бæхты нæмттæ. ’— Уый номдзыд тренер уыди,—загъта лæп- пу.—Мæ фыд дзырдта, зæгъгæ, дунейы, дам, уымæй хуыздæр тренер нæ уыди. — Æмæ дæумæ гæсгæ æппæты хуыздæр тре- нер чи у? Люк æви Майк Гонсалес? — Мæнмæ гæсгæ сæ иуæй се ’ннæ хуыздæр. — Дунейы æппæты хуыздæр кæсагахсæг та ды. • — Нæ. Кæсагахсджытæ æз хуыздæртæ зыд- тон. — &ие уа I*—загъта лæппу.—Дунейы чысыл нæй хорз кæсагахсджытæ, диссаджы хорз кæсагахс- джытæ. Фæлæ дæ хуызæн æппындæр никуы ис. — Бузныг. Æхсызгон мын у, афтæ мын кæй * Цытæ дзурыс! (испайнагау). 18
аргъ кæныс, уый. Æгæр егъау кæфыл уæддæр куы нæ сæмбæлин, æндæра мæ фыдæнхъæл фæ- уыдзынæ. — Кæд ма æцæг дæ раздæры тых дæхимæ ие,. уæд дунейы ахæм кæф нæй. - — Чи зоны, цас æнхъæл дæн, уыйас тых мæм нæ уа. Фæлæ арæхсгæ кæнын, стæй быхсын дæр фæразын. — Ныр схуысс, бафынæй кæн, цæмæй райсом дæ тых йæ гаччы сбада.-Æзта мигæнæнтæ сда- вон. „ — Хорз. Хæрзæхсæв у. Райсом дæ æз райхъал кæндзынæн. — Кæддæриддæр мæ ды райхъал кæныс,—загъ- та лæппу. — Мæн та — зæронд кæй дæн, уый райхъал кæны. Цымæ зæронд лæгтæ афтæ раджы цæмæк сыхъал вæййынц? Ау, сæхицæн уыцы бон уæд- дæр цæмæй фæдаргъдæр кæной, уый тыххæй? — Ницы йын зонын. Æрмæст уый зонын, æмæ æрыгæттæ бирæ æмæ тарф фынæй кæнынц. — Уый ма мæ зæрдыл лæууы,—загъта зæронд лæг.—Æз дæ сыхъал кæндзынæн афоныл. — Нæ уарзын, ныр кæимæ кусын, уый мæ куы фехъал кæны, уæд. Цыма уый мæнæй хуыз- дæр у. 19
— Æмбарын дæ. — Хæрзæхсæв у, мæ фыды хай. Лææппу ацыди. Кæрдзын хордтой талынджи, рухс не ссудзыв кодтой, æмæ ныр зæронд лæг йæ хæлаф дæр раласта талынджы æмæ схуыс- сыд. Хæлаф батыхта æмæ-йæ йæ нывæрзæн ба- кодта базы бæсты, тыхтоны ма газет дæр атъыс-- та. Йæхи æрныуæрзта хъæццулæй æмæ æрхуыс- сыд газеттыл—газеттæй æмбæрзт уыди сынтæ- джы гом цъæт. Уайтагъд афынæй зæронд лæг. Йæ фыны уыд- та йæ лæппуйы бонты Африкæ, денджызы зæ- рин даргъ былгæрæттæ æмæ доны тæнæг урс былтæ—афтæ урс, æмæ сæм цæст нæ лæууыд,— бæрзонд айнæг къæДзæхтæ æмæ стыр бур хæх- тæ. Ныр-иу æрвыл æхсæв дæр йæ фыны æрын- цад уыцы былгæрæтты, йæ фыны хъуыста ден- джызы улæнты гуыр-гуыр, уыдта, улæнтæ бы- нæттон адæмы бæлæгъты сур зæхмæ куыд тæ- рынц, уый. Йæ фыны та ног улæфыд палубæйæ цæуæг писи æмæ фæскъауы тæф, улæфыд Аф- рикæйы тæф—сæумæрайсомы дымгæ йæ донбыл- гæрæттæй хаста. Уыцы тæф-иу ыл куы сæмбæлд, уæд-иу сы- хъал, йæ дарæс-иу скодта æмæ-иу араст лæп- пуйы хъал кæнынмæ. Фæлæ йыл абон донбыл- гæроны тæф сæмбæлд тынг раджы. Бамбæрста, фыны йæ кæй улæфы, уый æмæ нæ сыстад, ба- 20
фынæй та, цæмæй федтаид, Канары сакъадæхты денджызæй, наулæууæнæй æмæ донбакæлæнæй цы айнæг къæдзæхты цъуппытæ сзынынц, уы- дон. Ныр фыны нал уыдта нæдæр тыхдымгæ, нæ дæр устытæ, нæдæр стыр цаутæ, нæдæр егъау кæфтæ, нæдæр хылтæ, нæдæр тыхæвзарæн ерыстæ, нæдæр йæхи усы. Фыны æрмæст уыд- та дард бæстæтæ æмæ донбылмæ рацæуæг дом- байы лæппынтæ. Гæдыйы лæппынтау хъазыдыс- ты сæумæрайсомы фæлмы æмæ сæ уарзта, лæп- пуйы куыд уарзта, раст афтæ. Фæлæ лæппуйы никуы уыдта фыны. Æваст ^айхъал зæронд лæг. Гом дуарæй мæй-1 мæ скаст. Райхæлдта йæ хæлаф æмæ йæ скодта. Къæсæй рахызт, йæ доны хуыпп ацыд æмæ фæн- дагыл уæлæмæ араст лæппуйы райхъал кæнын- мæ. Ихæн кодта сæумæрайсомы ирдгæмæ. Фæлæ зыдта: рæхджы ихæн нал кæндзæн, тагъд дон- выййæгтæ йæ къухмæ райсдзæн æмæ æгæрдæр схъарм уыдзæн. Лæппу кæм цард, уыцы хæдзары дуар уыди гом. Зæронд лæг бæгъæввад къахæй æнæ- къуырццæй мидæмæ бацыд. Лæппу йæ сынтæджы хуыссыд фыццаг хатæны. Зæронд лæг æй уыд- та мæйы дыдзы рухсмæ. Цадæггай йын бавнæлд- та йæ къахмæ æмæ цалынмæ лæппу райхъал æмæ йæм, уæлгоммæ сзилгæйæ, бакаст, уæдмæ йыл 21
хæцыд. Зæронд лæг æм йæ сæр батылдта. Лæп- пу сынтæджы фарсмæ бандонæй йæ хæлаф райс- та æмæ йæ бадгæйæ скодта. . * Зæронд лæг хæдзарæй рацыд, йæ фæдыл ра- хызт лæппу дæр. Лæппу уæддæр нæма райхъал. Зæронд лæг æй йæ хъæбысы æрбакодта æмæ йын загъа: — Ыыббар мын. — сше уа!—дзуапп ын радта лæппу. — Афтæ у нæ хъысмæт, нæлгоймаджы хъысмæт. Гæнæн нæй. Фæндагыл арастысты дæлæмæ, зæронд лæджы къæсмæ. Алы ран дæр адæм талынджы цыдыс- ты бæгъæввадæй, сæ бæлæгъхъæдтæ хастой. Къæсмæ куы ’рцыдысты, уæд лæппу райста æнгуырбосты чыргъæд, æхсгæ хæдз æмæ æнæ- уый хæдз, зæронд лæг та раккой кодта бæлæгъ- хъæд — пæлæз дæр йæ уæлæ тыхт. — Кофе дæ нæ хъæуы?—бафарста лæппу. — Мигæнæнтæ уал бæлæгъы нывæрæм, стæй ’бацымдзыстæм кофе/ Кофе цымдтой консервы б&нкæты, кæсагахс- джытæ кæм хордтой æмæ-иу райсом тынг раджы кæй бакодтой,.уыцы хæрæндоны. — Хорз бафынæй кодтай, мæ фыды хай?—ба- фарста лæппу,—иыр райхъал, кæд ма йæ хуыс- сæг ахаста, уæддæр. — Тынг хорз, Манолин. Абон мæ уырны, рай- гонд кæй фæуыдзынæн, уый. 22
— Мæн дæр,--загъта лæппу.—Ныр æз ауайон нæ сардинтæм æмæ дæ цъеыгуыртæм. Æз кæн- мæ вæййын, уый йæ мигæнæнтæ йæхæдæг хæс- сы. Йæ мигæнæнтæ йын исчи хæсса, уый нæ уарзы. — Фæлæ æз æмæ ды афтæ не стæм. Æз дæм мæ мигæнæнтæ хæссынмæ лæвæрдтон, фынддæс азы дæр дыл нæма цыд, афтæ. — Зонын æй,—загъта лæппу. — Фæлæу, ныр- тæккæ фездæхдзынæн. Бацым ма кофе. Ам нын бæтгæйыл дæдтынЦс Лæппу денджызы кæрæтты бæгъæввадæй тъæпп-тъæппгæнгæ алæгæрста кораллы къæ- дзæхтыл • уазалгæнæнмæ, сæ цъенгуыртæ кæм уыдысты, уырдæм. Зæронд лæг цадæггай цымдта кофе. Зыдта, хорз бацымын хъæуы, амæн æмæ абон æндæр ницыуал бахæрдзæн. Рагæй йæ зæрдæмæ нал цæуы кæрдзын хæрын, æмæ никуы хаста йемæ хæринаг денджызмæ. Вæлæгъы фындзы Гшн ис доны авг—æндæр æй æппындæр иицы бахъæу- дзæн изæрмæ. Лæппу æрбаздæхт, йемæ æрбахаста сардинтæ *æмæ цъенгуыртæ газеты тыхтæй. Кæсагахсджы- тæ иукъахвæндагыл ныххызтысты донмæ, сæ къæхты бын лыстæ^г хуыр куыд згъæлд, уый хатыдысты. Бæлæгъыл схæцыдысты æмæ йæ донмæ базылдто^. 23
— Хорз байрай, мæ фыдьг хай. — Райгонд у дæхæдæг дæр. Бæлæгъы чъилтыл донвыййæгта? фидаргонд кæм вæййынц, уым зæронд лæг къæбæлтыл æркодта бæндæнæй арæзт цæгтæ, йæхæдæг размæ агуы- быр кодта æмæ талынджы йæ бæлæгъ скъæрын райдыдта наулæууæнæй девджызмæ. Денджызмæ æндæр рæттæй дæр цæуын райдыдтой бæлæгътæ. Зæронд лæг сæ ныртæккæ уынгæ нæ кодта, амæн æмæ мæй къуылдымты аууон фæци, фæлæ дон- выййæгтæ дон куыд цæллахъ кæнынц æмæ йæ куыд стауынц, уый хъуыста. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу куы иу, куы иннæ бæлæгъæй райхъуыст иыхас. Фæлæ сæ фылдæ- рæй донвыййæгтыцæллахъйедтæмæ хъыпп-сыпп нæ хъуыст. Наулæууæнæй куы рахызтысты, уæд бæлæгътæ алырдæм апырх сты, алы кæсагахсæг дæр араст, кæсаг ссарынæй йæ ныфс кæм уыд, уырдæм. Зæронд лæг рагацау стæрхон кодта, денджызы былæй дард кæй ацæудзæн, уый. Фæсте ныу- уагъта зæххы тæф æмæ комкоммæ цыд океаны сæумæрайсомы комулæфтмæ. Океаны иу хай, кæ- сагахсджытæ „егъау цъай" кæм схуыдтой, ууыл-* ты ^уы фæцæйленк кодта, уæд федта, денджызы арфы донхалтæ куыд рухс кæнынц, уый. Уым океаны бын æмуырдыг фæци æмæ æнæхъæн авд- сæдæ денджызон сардзины æрфæн у. Ам æрæм- 24
бырд вæййы алы мыггаг кæсæгтæ, амæн æмæ океаны дон цæугæ кæны æмæ океаны быиы æм- уырдыг къултыл куы сæмбæлы, уæд дзы сырæ- зы зилгæ хуыдым. Денджызон лыстæг хæрыны хæфсытæ æмæ цъенгуыр кæсæгтæ дзы уый бæрц сдзыгуыр вæййы, æмæ сын багæнæн дæр нæ вæййы. Иууыл арфы та хаттæй-хатт зилдух кæ- ны бирæ каракатицатæ; уыдон æхсæв уæлæмæ ссæуынц æмæ сæ хæрынц хæтæг кæсæгтæ. Зæронд лæг тальтнджы æнкъардта, бон кæй æввахс кæны, уый. Донвыййæгтæ фæйлаугæйæ, хъуыста дыздызгæнгæ зæл — уый тæхаг кæсаг сгæпп кæны донæй æмæ тæхы, йæ дæрзæг ба- зыртæй уæлдæф æхситтгæнгæ гæрдгæйæ. Фæл- мæн, хæларзæрдæ дардта зæронд лæг тæхаг кæ- сæгтæм—ам, океаны уыдон уыдысты йæ хорз хæ- лæрттæ. Мæргътæн тæригъæд кодта, уæлдайдæр денджызы гыццыл æмæ æнæбон зæрватыччытæк. Уыдон иугæндзон хæлцагур зилахар кæнынц, фæлæ гæзæмæ цыдæрты йедтæмæ ницы арынц, æмæ хъуыды кодта: „Мæргъты цард мах цардæй бирæ зындæр у, холыхор æмæ егъау, тыхджын мæргътæй куы нæ зæгъæм, уæд.^ Океан хаттæй- хатт æнауæрдон карз куы вæййы, уæд цымæ мæргътæ, мæнæ ацы денджызы зæрватыччытау, ахæм æдых, æнæбон цæмæы сты? Зæрдæхæлар, иттæг хорз у океан, фæлæ хаттæй-хатт тынг скарз ваеййы, йæ сæрмæ цы мæргътæ - зилахар 2&-
яæны, доны хæлцагур чи аныгъуылы æмæ кæ- рæдзимæ мæллæг, æнкъард хъæлæсæй чи си- ды, уыдон йæ аккаг не сты—æгæр æнæбон сты". Йæхинымæры денджызы кæддæриддæр хуыд- та 1а таг, чи йæ уарзы, уыдон æй испайнагау куыд хонынц, афтæ. Хаттæй-хатт йæ фыдгой ра- кæнынц, фæлæ кæддæриддæр сылгоймагмæ дзу- рæгау. Æрыгондæр кæсагахсджытæ, цæмæй сæ кæсагахсæн мигæнæнтæ ма дæлдон кæной, уый тыххæй пробкæты бæсты æндæр дзаумæттæ чи дары æмæ акулæйы игæр зынаргъ куы уыд, уы- цы рæтæджы æлхæд маторджын бæлæгътæ кæ- мæн ис, уыдон денджыз хонынц е1 таг, ома нæл- гоймагмæ куыд дзурынц, афтæ. Уыдонмæ ден- джызы кой куы ’рхауы, уæд æй хонынц тыгъдад, лæджимæ ерысгæнæг, хаттæй-хатт знаг дæр# Зæронд лæг та денджызыл кæддæриддæр хъуы- ды кодта, сылгоймагыл куыд хъуыды ’кæнынц, афтæ: сылгоймаг лæвар кæны стыр хæрзиуджы- тæ кæнæ не сразы вæййы сæ радтыныл, æмæ кæд æнæрхъуыды кæнæ æвзæр ми дæр бакæны, уæддæр ын цы чындæуа, ахæм у æрдзæй. „Мæй тыхсын кæны денджызы, куыд сылгоймагджы",— хъуыды кодта зæронд лæг. Зæронд лæг æнæ тыхархайд, уыцы иугъæдо" нæй скъæрдта йæ бæлæгъ, амæн æмæ доны цы- дæй хуыдымтæ кæм рæзт, уый йедтæмæ океан уыди4 æмлæгъз. Йæ куысты æртыццаг хай бакод- 26
та донвæды бар, æмæ куы ’рбацæйбон кодта, уæд федта, уыцы афонмæ кæм.æнхъæл уьгди, уымæй бирæ дарддæр кæй. ис, уый. — Æнæхъæн къуыри кæсагахсæг фæзылдтæн, денджыз арф кæм у, ахæм рæтты, æмæ ницы æр- цахстон, — хъуыды кодта зæронд лæг. — Абон хъуамæ мæ амонд бавзарон, бонито* æмæ альба- коре* æмызмæлд кæм кæнынц, уым. Уæд та дзы егъау кæфтæ дæр ис?" Нæма æрбарухс, фæлæ зæронд лæг йæ æнгуыр- тæ доны баппæрста æмæ цадæггай ленк кæны, дон кæцырдæм цæуы, уыцырдæм. Æнгуыртæй иу уыди цыппор денджызон сардзины æрфæн, иннæ ацыди æвдай фондз сардзины æрфæн, æртыккаг æмæ цыппæрæм æнгуыр æрвгъуыз доны аны- гъуылдысты сæдæ æмæ сæдæ дыууый фондз сардзины. Кæфсайæн цъе’нг^ыртæ æнгуыртыл дæргъырдæм конд æмæ фидар баст уыдысты, оæ сæртæ бынмæ; æнгуыртæн сæ къæдзтæ æмæ сæ фындзтыл та конд уыди ногахст сардинтæ". Æн- гуыры бырынкъ атъыстой сардинæн йæ дыууæ цæсты æмæ дзы сырæзт æрдынæг гирлянд. Вгъау кæф æм æввахс куы ’рбацыдаид, уæд банкъард- .таид, йæ алы кæрдих дæр адджын, æхцон тæф кæй кæны, уый. Лæппу зæронд лæгæн йемæ радта дыууæ ног- Денджызаг кæсаджы мыггæгтæ, 27
ахст тунецы*. Уый сæ бакодта, æппæты даргъ- дæр бæттæнтæ цы æнгуыртæн уыди, уыдоныл, иннæ дыууæйыл та æрвгъуыз макрель* æмæ бурбын умбрицæ.* Ибон дæр йемæ уыдысты, фæ- лæ нырма дзæбæх сты, стæй сардинтæй дисса- джы хæрздæф кодтой. Æнгуырты бостæй алкæ- цы дæр уыди стыр къарандасы стæвдæн æмæ рæхснæг уисмæ афтæ фидар уыди, цæмæй кæ- саг æнгуырмæ цыфæнды чысыл куы фæцагайд- таид, уæддæр уис донмæ æртасыдаид. Æнгуыры бæттæн баст уыди фæсауæрц дыууæ къуыбылой- мæ—алкæйы дæр сæ дыууиссæдзгай сардзинтæ, уыдонæн дæр баиугæнæн уыди æндæр къуыбы- лæйттимæ, афтæ æмæ бахъуыды сахат кæфтæн ауадзæн уыди æртæ сæдæ сардзинæй дæр фыл- дæр. Ныр зæронд лæг йæ цæст дардта, цъæх уистæ бæлæгъы чъилтæм тасынц, æви нæ, уымæ, æмæ цадæггай скъæрдта, æнгуыры бос доны куыдхъæ- уы, афтæ арф æмæ æмуырдыг куыд ацыдаид, ууыл аудгæйæ. Бынтондæр срухс, рæхджы хъуа- •кæ хур скæсдзæн. Куыддæр хур денджызæй скаст, афтæ зæронд лæг суыдта æндæр бæлæгътæ дæр. Цыма доны ныгъуылгæ акодтой, афтæ зындысты уыцы бæлæ- гътæ, денджызы гуылфæн куыд фæтæн ахаста, афтæ, фæлæ уыдон былмæ бирæ æввахсдæр уы- дысты. Уалынмæ хуры рухс фæтынгдæр æмæ *Денджызаг кæсаджы мыггæгтæ. 28
донайдæн сæрттывта. Стæй хур арвастæумæ куы стылд, уæд йæ тынтæ денджызы æмлæгъз айдæ- нæй схъиудтой комкоммæ цæстытæм. Зæронд лæ- гæн йæ цæстытæ рыстысты æмæ йæ бæлæгъ скъæрдта, донмæ куыд нæ кастаид, афтæ. Уый касти денджызы тар арфмæ, йæ æнгуырты бостæ кæдæм цыдысты, уырдæм. Уымæн-иу иннæ кæ- сагахсджытæй кæддæриддæр æмуырдыгдæр ацы- дысты æмæ-иу денджызы тары алыхуызон æр- фæнтыкæфы раз уыди кæфсайæн цъенгуыр, ра- гацау-иу кæм снысан кодта, уым. Иннæ кæсаг- ахсджытæн-иу се ’нгуыртæ денджызы гуылфæн ахаста æмæ-иу афтæ æнхъæл куы уыдысты, зæгъ- гæ; сæдæ сардзины’ æрфæн сæ ауагътой, уæд-иу сын арæх уыдысты æрмæст æхсай [сардзины æр- фæн. - „Æз, ,æвæдза,—ахъуыды кодта зæрондлæг,— ме ’нгуыртæ кæддæриддæр хорз баппарын, фæлæ мæ амонд нæ кусы. Æниу цы бæрæг ис? Чи зо- ны, абон мæ амонд скуса. Бонтæ æмхуызон не сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, лæджы амонд куы уа, уæд хорз у. Фæлæ мæнмæ хуыздæр кæсы, кæ хъуыддаджы дырыс архайд кæнын. Стæй амонд куы ^рцæуа, уæд æм æз цæттæ уыдзынæн", Хурскастæй дыууæ сахаты рацыд, æмæ ныр хурыскæсæнмæ кæсынæй цæстытæ уый бæрц нал риссынц. Ныр æртæ бæлæгъы йедтæмæ нал зынди. Ардыгæй лæгмæ афтæ касти, цыма уыцы бæлæгътæ доны тынг арф сты æмæ денджызыч 29
былæй рацыдысты æрмæст гыццыл дарддæр. „Мæ цæрæнбонты мын мæ цæстытæ къахта рай~ сомы рухс,—хъуыды кодта зæронд лæг. —Фæлæ нырма дзæбæх уынын. Изæр мæ бон у комкоммæ хурмæ кæсын æмæ мæ цæстытæ нæ тарытæ кæ- нынц. Изæрырдæм хур бирæ тынгдæр рухс кæ- ны. Фæлæ йæм сæумæрайсом мæ цæстктæ рис- сынц". Раст уыцы сахат ауыдта денджызон маргъ фрегат —йæ размæ арвыл йæ даргъ сау базыртæ байтыгъта æмæ зилахар кодта. Маргъ æмуыр- дыг йæхи нысхуыста доны, йæ базыртæ фæстæ- мæ фæхъил кодта, æмæ та фæстæмæ зилгæ стахт. — Бафиппайдта амæттаг,—загъта зæронд лæг хъæрæй.—Дзæгъæлы нæ зилахар кæны. Зæронд лæг уыцы иугъæдон цадæг скъæрдта йæ бæлæгъ, маргъ кæм зилдух кодта, уыцы- рдæм. Тагъд нæ кодта, афтæмæй йæ хъус дард- та, цæмæй йæ æпгуыртæ æмуырдыг ацыдаиккой доны. Фæлæ уæддæр, доны цыдимæ абаргæйæ, бæлæгъ чысыл тагъддæр цыди, æмæ кæд зæ- ронд лæг, раздæрау, йæ куыст раст кодта, уæд- *дæр йæ фезмæлдтытæ чысыл тагъддæр уыдыс- ты, цалынмæ уыцы маргъ фæзынд, уæдмæ куыд. уыд, уымæй. Фрегат бæрзонддæр стахт, йæ базыртæ æнæ- змæлгæ айтыгъта æмæ та зилахар райдыдта- 30
Æваст йæ цæлхъ фæцыд доны. Зæронд лæг ауыдта, тæхгæ кæсаг донæй куыд фесхъиудта æмæ денджызы уæлцъарыл удуæлдай тахт куыд акодта, уый. — Макрель,—хъæрæй загъта зæронд лæг.—■ Вгъау сыгъзæрин макрель. Зæронд лæг донвыййæгтæ бæлæгъы æрывæрдта æмæ систа æнгуыры бос. Йæ кæроныл телæй баст уыди къаннæг æнгуыр æмæ йыл йæ сар- динтæй иу бакодта. Æнгуыр ауагъта доны, бæт- тæны иннæ кæрон бабаста, бæлæгъы фæотаг кæ- рон цы цæг уыди зылд, ууыл. Стæй кæфсайæн цъенгуыртæ бакодта æндæр æнгуырыл дæр, фæ- лæ йын йæ бæттæн нæ райхæлдта,. афтæмæй йæ нывæрдта аууоны, голладжы бын. Йæ къухтæм та райста донвыййæгтæ æмæ та хъахъхъæдта даргъбазыр сау маргъмæ,—ныр хæрз ныллæг зылди доны сæрмæ, маргъæн та доны йæ тъæпп фæцыд, йæ базыртæ йæ фæсонтæм фæхъил код- та, удаистæй стъыбар-тъыбур кодта æмæ тæхгæ кæсаджы фæстейæ асырдта. Зæронд лæг федта: дон гæзæмæ сфынк кодта,-—сыгъзæрин макрель фæстейæ асырдта, цы кæсаг дзы алыгъд, уый. Макрель йæ размæ ленк кодта тагъд, цæмæй кæ- саг куыддæр йæхи донмæ æруадза, афтæ уади- дæгæп йæ быны февзæра. л,Æвæццæгæн дзы макрелтæ æмызмæлд кæ- нынц,—хъуыды кодта зæронд лæг.—Кæрæдзимæ ^1
дæрддзæф ленк кæнынц, æмæ кæсаджы фервæзт дыууæйыл у. Фæлæ маргъæн исты бантыса, ууыл æппындæр зæрдæдарæн нæй. Тæхгæ кæ- саг фрегатæн æгæр егъау у, стæй ленк дæр æгæр тагъд кæны". Зæронд лæг каст, тæхгæ кæсаг-иу доны куыд аныгъуылд æмæ та-иу ногæй куыд ратахт, æмæ йæ æнарæхст маргъ-æрцахсынмæ куыд хъавыд, уымæ. „Макрель мын аирвæзт,—ахъуыды кодта зæронд лæг.—Æгæр тагъд, æгæр дард ленк кæ- ны. Фæлæ чи зоны мæ къухы бафта, йе ’мбæлт- ты дзыгуырæй чи фæхицæн, ахæм макрель, кæ- нæ, чи зояы ме стыр кæф дæр æм æввахс ленк кæны? Ауу, искуы йын цы æнæуæвгæ ие". Ныр зæххы сæрмæ мигътæ зындысты, цыма хæхтæ арæгъ сты, афтæ. Денджызы был та— цъæхцъæхид даргъ тæлмы хуызæн, йæ фæстæ— -æрвгъуыз къуылдымтæ. Дон сси тарбын цъæх, копрадзы хуызæн. Зæронд лæг донмæ куы каст, уæд денджызы тарбын арфы уыдта планк- тоны* морæгъуыз тыбар-тыбур æмæ хуры ^ тын- ты алæмæты тæмæнтæ. Йæ хъус дардта, æн- гуыртæ доны æмуырдыг цæуынц æви нæ, уымæ, земæ йæ алфæмблай афтæ бирæ планктон кæй ис, ууыл цин кодта, амæн æмæ уый^ уыди кæф ! * Зайæгой æмæ цæрæгой организмтæ денджызты æмæ цæугæдæтты. 32
бафтыни нысан. Ныр хур арвыл бæрзонддæр куы стылд, уæд - йæ тынтæ доны алæмæты тæ- мæнтæ кæй калдтой, уый уыди хорз боныгъæды нысан, афтæ зæххы сæрмæ ауыгъд мигъты фор- мæ дæр. Фæлæ ныр нал дæр саубазыр ’ фрегат уыди æввахс, нæдæр доны уæлцъар исты зын- ди, хурсыгъд саргассаг донхалты бурбын гу- цъулатæ æмæ бæлæгъмæ æввахс тæмæнтæ кал- гæ цы инджыны хуызæн тæппуз ленк кодта— португалиаг физали,—уымæй уæлдай. Физали йæ фарсьгл æрзылд, стæй та раздæрк формæ райс- та. Ленк кодта цæрдæг, сапоны тæппузау, æрт- тывта хурмæ æмæ уæлдон æнæхъæн ярды бæрц йæ фæдыл ласта йæ мæлæтхæссæг копрадз- хуыз уырзæджытæ. -гЕх, гадза,—загъта зæронд лæг. Донвыййæгтæй йæ бæлæгъ цадæггай скъæр- гæйæ, арф ныккасти донмæ æмæ дзы федта гыц- цылмур кæсæгтæ, уыдонæи дæр сæ хуыз уыди, доны цы уырзæджытæ ленк кæны, уыдон хуы- зæн. Уыцы гыццылмур кæсæгтæ ленк кодтой уырзæджытæ æмæ тæппузы аууоны æхсæн. Тæп- пузы маргæй уыдонæн ницы тас у, фæлæ дзы адæймаг æдас нæу: ахæм бырынцъаг æмæ коп- радзгъуыз уырзæджытæ-иу æнгуыры босыл куы аныдзæвдысты æм&-иу ыл куы андæгъдысты, Уæд-иу цалынмæ зæронд лæг кæсаг донæй ра- ласта, уæдмæ-иу йæ къухтæ йæ рæмбынкъæдз- 3* 33
ты онг хъæдгомæй байдзаг сты, цыма йын сæ хъæстæ дзæгъæлдзу* басыгъта, уыйау. Буар фæ- хъæстæ вæййы уайтагъд æмæ судзгæ рыст кæ- ны ёхсы цæфау. Уындæй диссаджы рæсугъд сты тæппузтæ, ар- выронау тæмæнтæ калынц. Фæлæ уыдонæй на- латдæр цæрæгой нæй денджызы, æмæ зæронд лæг уарзта, денджызы егъау уартдяшн хæфсы- тæ сæ куыд къæфынц, уымæ кæсьш. Уартджын хæфсытæ физалнты куы суынынц, уæд æввахс бацæуынц сæ размæ, сæ цæстытæ бацъынд кæ- нынц, æппындæр сын ницыуал тас вæййы æмæ сæ иууылдæр акъæфынц æд уырзæджытæ. Йæ зæрдæмæ цыд зæронд лæгæн, уартджын хæфсы- тæ физалиты куыд къæфынц, уымæ кæсын. Йæ- хæдæг дæр уарзта штормы фæстæ денджызы был тæппузтыл къахæй лæгæрдын æмæ дæрзæг уафсы бын сæ пъæртт куыд фæцæуы, уымæ хъусын. Бирæ уарзта зæронд лæг кæрдæггъуыз уарт- джын хæфсыты, рæсугъд æмæ цæрдæг кæй сты, уый тыххæй, стæй аргъ дæр бирæ истой. Вур згъæрдлшн гуырымыхъ æмæ æдылы бисстæм, æрдон хъуыддæгты дзæгъæлмонц æмæ цъынд- дзæстæй португалиаг физалиты чи къæфы, уы- донмæ йын ис тæригъæдгæнæджы -æнæввæрсон цæстæнгас. Зæронд лæг уартджын хæфсытæй исты мæн- +~~ * Зайæгой. 34
гуырнындзинадмæ гæсгæ тарстаид, уый йæм нæ уыд, æниу къорд азты æнæсцухæй фæцыд уарт- джын хæфсдзуаионтимæ. Æнæуый сын тæри- гъæд кодта зæронд лæг, æгæрыстæмæй æнæ- хъæн науы дæргъæн æмæ æнæхъæн тонны уæ- зæн тынг егъау уартджын хæфсытæн дæр—лут- тæ, зæгъгæ, афтаз сæ хонынц. Адæмæи сæ фылдæр тæригъæд нæ зонынц уартджын хæфсытæн, афтæмæй та уартджын хæфсы куы амарынц æмæ йæ куы скæрдихтæ кæнынц, уæддæр ма бирæ фæкусы йæ зæрдæ, »А.уу, мæнæн дæр ахæм зæрдæ куы ис,—хъуы- ды кодта зæронд лæг, — Мæ къæхтæ æмæ мæ къухтæ та уыдон дзæмбыты хуызæн куы сты". Уый хордта, уартджын хæфсы урс æй- чытæ, цæмæй йæ тых йæ мидæг уа. Хæргæ сæ кодта майæн йæ райдианæй йæ фæудмæ, цæ- мæй тыхджын уыдаид сентябрь æмæ октябры, кæфахсæн рæстæг йæ тæмæны куы бацæуы, уæд. Æрвыл бон зæронд лæг нуæзта къусы дзаг акулæйы игæры сой. Акулæйы сой уыди, кæсаг- ахсдясытæй бирæ сæ дзаумæттæ кæм æвæрдтой, уыцы сарайы егъау боцкъайы. Сой нуазын йæ бон уыди алкæмæн дæр, кæйдæриддæр бафæнды- Даид. Кæсагахсджытæй сæ фылдæрæн уыцы сой кодта хъылмайы ад, фæлæ йæ нуазын сæумæ- цъæхæй хуыссæнуатæй фестынæй мастдæр нæ уыди, уазалдзыдæн æмæ цæстытæн та тынг ахъаз кодта. 35
Зæронд лæг арвмæ скасг æмæ федта—фрегат та зилахар кæны. т Ссардта кæсаг,—загъта хъæрæй. Иунæг тæхгæ кæсаг дæр не змæста доны æм- лæгъз айдæн, нæдæр лыстæг кæсаг уыди йæ алфæмблай. Фæлæ зæронд лæг æваст ауыдта, къаныæг тунец уæлдæфмæ куыд фесхъиудта, тæхгæ-тæхын куыд фæзылд æмæ йæ сæр бын- мæ, афтæмæй денджызы куыд аныгъуылд, уый. Тунец хурмæ æвзистæрттывд фæкодта, йæ фæдыл базмæлыд æндæр тунецтæ дæр, алырдæм гæппытæ кодтой, цъенгуыр кæсæгтæм-иу дар- дæй фæлæбурдтой æмæ дон фынк кодта. Афтæ- мæй зилахар кодтой йæ цуры æмæ йæ размæ тардтой. „Кæд æгæр тагъд нæ аленк кæной, уæд сæ иууылдæр баййафдзæн",—ахъуыды кодта зæронд лæг, тунецтæ дон куыд урс фынк кæнынц æмæ сæ тæссæй доны уæлцъармæ лидзæг цъенгуыр кæсæгтæм саубазыр фрегат куыд лæбуры, уы- мæ кæсгæйæ. — Маргъ у кæсагахсæджы æнувыд æххуысгæ- нæг,— загъта зæронд лæг. Уыцы уысм йæ къахы бын ныттынг, бæлæгъы фæстаг хайæ донмæ уагъд цы цыбыр æнгуыры бос уыди, уый. Уæронд лæг феуæгъд кодта дон- вь^ййæгтæ, фидар ныххæцыд сыфцæй ласæн бæх- сныджы кæроныл æмæ йæ йæхимæ нывæндын яв
райдыдта. Кæсаг йæ гæндзæхтæ цæгъдгæ бæх- сныгыл ахæц-ахæц кæны, зæронд лæг хатыд къаннæггомау тунецы уæз. Æнгуыры бос ын йæ къухæй тынгæй-тынгдæр риуыгъта, æмæ йæ ца- лынмæ бæлæгъæн йæ тæккæ цурмæ æрбаласта æмæ йæ бæлæгъы чъилæй æрбаппæрста, уæдмæ дæр ын федта йæ æрвгъуыз фæсонтæ æмæ йæ сыгъзæрин фæрстæ. Джиппы уагъд топпы нæмыгау, хурмæ æмдын- гæй лæууыд тунец бæлæгъы, йæ æнæмбаргæ стыр цæстытæ ныдздзагъыр кодта, йæ аив хæрз- арæхст къæдзилæй йæхи хоста, афтæмæй хæрз- бон кодта йæ цардæн. Зæронд лæг ын тæри- гъæд кæй кодта, уымæ гæсгæ йыы йæ сæр ныц- цавта, цæмæй йæ мæлæт æнцондæр уыдаид, æмæ ма йæ гæндзæхтæ цагъта, афтæмæй йæ йæ къа- хæй асхуыста аууонмæ, голладжы бынмæ. — Альбакоре,— загъта зæронд лæг хъæрæй.— Диссаджы кæфсайæн кæрдихтæ дзы рауайдзæн. Дæс джиранкайы уыдзæн, къаддæр нæ. Зæронд лæгæн йæ зæрдыл нал лæууыд, йæхæ- дæг йæхиимæ хъæрæй дзурын кæд райдыдта, уый. Раздæр-иу иуяæг куы баззад, уæд-иу за- рыд. Хаттæй-хатт-иу æхсæвыгон дæр зарыд, егъау пæлæзджын наутыл куы цыд кæнæ уарт- джын хæфсдзуан куы уыд, уæд, вахтæйы лæу- гæйæ. Æвæццæгæн, хъæрæй дзурын райдыдта, йемæ цы лæппу уыди, уый дзы куы ацыд æмæ 37
зыбыты иунæгæй куы баззад, уæд.( Ныр йæ зæр- дыл нал лæууы. Фæлæ лæппуимæ’ куы цыдые- ты кæсагахсынмæ, уæддæр-иу ныхас кодтой, æнæмæнг-иу сæ куы хъуыд ныхас ’кæнын, æр- мæст уæд. Ныхас кодтой æхсæвыгон, кæнæ сын æвзæр боныгъæды æндæр гæнæн куы нæ уыд æмæ дзæгъæлы куьт бадгысты, уæд. Ыыхасы сæр тынг куы нæ хъæуы, уæд денджызы дзурын не ’мбæлы. Зæронд лæг йæхæдæг дæр дзырдта, зæ- гъгæ, уый хорз нæу, æмæ фæтк нæ хæлдта! Фæлæ ныр бирæ хæттыты хъ ерæй загъта йæ хъуыдытæ—никæй ницы хъыг дардтой. — Мæхæдæг мæхиимæ куыд ныхас кæнын, уый исчи куы фехъусид, уæд зæгъид, зæгъгæ, мæ- нæуи сæрра,—загъта зæронд лæг. — Фæлæ иу- гæр æз æрра нæ дæн;. уæд кæй цы хъуыддаг ис? Хъæзныджытæн цы у: уыдонмæ ис радио æмæ семæ ныхас кæны науы .æмæ сын дзуры бейсболы ног хабæрттæ. „Ныртæккæ бейсболыл хъуыды кæныны рæс- тæг нæу,— йæхицæн загъта зæронд лæг.—Ныр- тæккæ хъуыды кæнын хъæуы æрмæст иу хъуыд- дагыл. Æз цæй тыххæй райгуырдтæн, ууыл. Чи зоны æмæ ацы тунецты дзыгуыры фарсмæ ис- куы ленк кæны ме стыр кæф дæр. Иунæг альба- корейы йедтæмæ куы ницы æрцахстон, уый дæр иннæ кæсæгты дзыгуырæй чи .фæиппæрд, ахæм. У^ыдон цуан кæнынц денджызы былæй дард æмæ 38
тынг тагъд ленк кæнынц. Абон цыдæридцæр денджызы ис, уыдон иууылдæр змæлыиц тынг æмæ сæ цыд та у цæгат-хурскæсæны ’рдæм. Фæлæ кæд миййаг ацафон æрвыл бон дæр афтæ вæййы æмæ йæ æз зонгæ нæ кæиын?" Зæронд лæг нал уыдта денджызы былгæроны кæрдæггъуыз тæлм. Дард кæмдæр, æндæргау, зындысты æрмæст æрвгъуыз къуылдымты урс цъуппытæ æмæ ардыгæй урс дардтой, цыма сыл мит æруарыд, афтæ. Сæ сæрмæ цы мигътæ уы- ди, уыдон дæр уыдысты митæмбæрзт бæрзонд хæхты хуызæн. Денджыз тынг ныттар æмæ ху- ры тынтæ доны ныгъуылдысты. Ныр хур каст арвастæуæй æмæ ныхъхъуырæгау кодта планк- тоны æнæнымæц стъæлфлнты. Тарбынцъæх до- ны зæронд лæг уыдта, цы хуры тыитæ дзы ны- гъуылд, æрмæст уыдон æмæ денджызы æмуыр- дыг арф ацæугæ æнгуырты бостæ, денджызæн йæ арф та ам æнæхъæн миляйы бæрц уыди. Тунецтæ та—кæсагахсджытæ уыцы кæфы мыг- гæты иууылдæр хуыдтой тунецтæ æмæ сын сæ æцæг нæмттæ æвзæрстой, базармæ сæ уæймæ куы ластой кæнæ сæ кæфсайæн цъеигуырты бæсты куы уæй кодтоы, æрмæст уæд,—денджы- зы арф ацыдысты. Хур тынг æрындæвта. Зæ- Ронд лæг æнкъардта, йæ бæрзæй йын куыд сыгъта, уый. Донвыййæгтæй бæлæгъ тæргæйæ, Йæ хид йæ фæсонтыл суадæттæ кодта. 39
„Донвæдыл ацæуин æмæ афынæй кæнин,— ахъуыды кодта зæронд лæг,~-æнгуыры бос та мæ къахы хистæр æнгуылдзмæ куы бабæттин; цæмæй афоннадыл райхъал он. Фæлæ абон фондз æмæ цыппарæссæдзæм бон у æмæ хъуамæ къæрццхъусæй лæууон". * Раст уыцы уысм фæфиппайдта, цъæх уистæй иу куыд фенкъуыст æмæ донмæ куыд æртасыд, уый. — Гъе, афтæ, гъе!—загъта, зæронд лæг æмæ донвыййæгтæ арæхстгай систа, бæлæгъ куыннæ фенкъуыстаид, ууыл аудгæйæ. Зæронд лæг байвæзта æнгуыры босмæ æмæ йыл йæ рахиз къухы хистæр , æмæ амонæн æн- гуылдзæй хъавгæ ныххæцыд. Не ’нкъардта нæ дæр æнгуыры босы айтынг, нæ дæр æй исты ивазы, уый, æмæ йыл цадæг хæцътд, нæ йæ æл- хъывта. Фæлæ та уайтагъд фенкъуыст. Ацы хатт уыди цадæг æмæ сабыр риуыгъд, æмæ зæронд лæг бæстон зыдта, уый цы нысаи кæиы, уый. Денджызон сæдæ сардзины æрфæны марлин кæф зыдæй хордта, хæдзары рацæгъдгæ æнгуырæн йæ [бырынкъ æмæ йæ къæдзил къаннæггомау тунецы сæрæй кæм разынд, уыцьграи ыл цы сардинтæ уыди конд, уыдон. 1 Зæронд лæг бæхсныгыл арæхстгай хæцыд æмæ йæ йæ галиу къухæй райх:æлдта уисæй. Ныр бæхсныгæн гæнæн уыди æмæ зæронд лæджы 40
æнгуылдзты æхсæнты бырыдаид, кæф æй куын- нæ фиппайа, афтæ. „Денджызы былæй афтæ дард, æмæ уымæй дæр фæззыгон, æвæццæгæн, тынг стыр кæф у. Ахæр, кæф, ахæр. Цæй, ахæр, дæ хорзæхæй. Æм- бисонды ногахст сардиитæ, дæуæн та доны уа- зал у, æхсæзсæдæ футы æрфæны, уазал дæр у æмæ талынг дæр. Разил ма иу хатт талынджы, раздæх фæстæмæ æмæ ахæр!" Зæронд лæг бангсъардта бæхсныджы гыццыл, арæхстгай айвæзт, стæй та тыхджындæр ай- вæзт—æвæццæгæн, сардинтæй кæцыдæр зындæр ратонæн уыди æнгуырæй. Стæй бæстæ нысса- быр. — Цæй-ма,—загЪта зæронд лæг хъæрæй,—иу хатт ма раздæх. Басмуд-ма сæм, басмуд. Адджын не сты? Ахæр дзы, ахæр, дзæбæх. Стæй, æвæц- цæгæн, ралæудзæн тунецæй ацаходыны рæстæг дæр! Куыд сæртæг, куыд уазалдзæф у, хуыздæр нæ уыдзæн йæ цуры. Æфсæрмы ма кæн, мæ къо- на. Ахæр, дæ хорзæхæй. Æнгуыры босыл йæ хистæр æмæ йæ амонæн æнгуылдзы æхсæн хæцыд æмæ йæ хъус дардта уымæ дæр æмæ иннæ æнгуырты бостæм дæр, амæя æмæ гæнæн уыди кæф иу ранæй нннæ ранмæ ацыдаид. Æмæ та æваст банкъардта æн- гуыры босы рог, гæзæмæ айвæзт. — Ацаходдзæн та дзы,—загъта зæронд лæг 41
хъæрæй.—Ацаходдзæн, хуыцау ын цæрæнбон радтæд! Фæлæ дзы нæ ацаходыдта. Афардæг, æмæ æн- гуыры бос æнцад, æнæзмæлгæ лæууыд. — Нæ ацыдаид,--загъта зæронд лæг,—Хуыцау ме ’вдисæн, нæ ацыдаид. Уый æнæуый разылд æмæ ногæй æрбаленк кæны. Чи зоны, искуы ма бахауд æнгуырмæ æмæ йæ зæрдыл лæууы. Зæронд лæг та банкъардта æнгуыры босы ца- дæг айвæзт æмæ йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд. — Ыæ загътон, нæ, æнæуый разылд,—загъта зæроид лæг.—Ныр дзы бæгуыдæр саходдзæн! * Зæронд лæг цин кодта, кæф æнгуыры бос ца- дæггай куыд айваз-айваз кæны, уый кæй хатыд, ууыл. Отæй æваст банкъардта æвирхъау уæззау цыдæр. Банкъардта тынг егъау кæфы уæз æмæ, бæхсныг ауагъта ласын бынмæ, бынмæ, /5ынмæ, фæсауæрц къуыбылæйттæй йын иу йæ фæдыл халгæйæ. Æнгуыры бос цъыгъгъуытт кодта бын- мæ йæ æнгуылдзты æхсæнты, æмæ йыл кæд ни- цы уый бæрц хæцыд фæстæмæ, уæддæр æн- къардта, йæ фæдыл æй æвирхъау стыр уæз кæй ласы, уый. — Цавæр кæф уа!—загъта зæронд лæг хъæ- рæй.~Йæ был фæсагъта æнгуыры æмæ йæ ныр дард кæдæмдæр æд æнгуыр йæхи айсын фæнды. „Уæддæр разилдзæн æмæ æнгуыр аныхъуыр- кзæн", ахъуыды кодта зæронд лæг. Фæлæ йæ 42
хъуыды хъæрæй нæ загъта, цæмæй йæ ма фæ. цæсты кæна. Зыдта, кæф куыд егъау , у, уый, æмæ йæ цæстыл уади, кæф доны талынг æрфæ- ны дардæй-дарддæр куыд цæуы, уый, йæ дзы- хы цæхгæрмæ цы тунец ныффидар, уыимæ. Цæсты ныкъуылды бæрц кæф иу ран алæууыд, фæлæ йын зæронд лæг уæддæр йæ уæз æнкъард- та. Отæй кæф тынгдæр айвæзта æнгуыры бос, æмæ та зæронд лæг ауагъта бæхсныг. Иу уыс- мы бæрц ыл фæстæмæ фæхæцыд; тынгдæр æй айвæзта, æмæ бæхсныг абырыд комкоммæ дæлæ- мæ. — Ацаходыдта дзы, — загъта , зæронд лæг.— Уадз æмæ ныр бахæрæд, куыд æмбæлы, афтæ. Æнгуыры бос бырыд зæронд лæгæн йæ рахиз къухы æнгуылдзты æхсæнты, йæ галиу къухæй та дыууæ.фæсауæрц къуыбылойы сæрибар кæ- рæттæ бабаста дыккаг æнгуыры дыууæ фæса- уæрц къуыбылойы цæгыл. Ныр æппæт дæр цæт- тæ уыд. Фæсауæрц æм уыди æртæ къуыбылойы Зæхсныг дыууиссæдзгай сардзинтæ, кæфыл кæ- мæй хæцыд, æнæуый. — Ахæр-ма гыщшл,—загъта зæронд лæг.— А^хæр, æфсæрмы ма кæн. „Афтæ хæр, æнгуыры бырынкъ дæ зæрдæйы куыд фæныхса * æмæ ^дзæммард куыд фæуай, — ахъуыды кодта зæ- Ронд лæг.—• Дæхæдæг сленк кæн уæлдонмæ, цæ- мæй дæ хæдз ныссадзон. Гъе, афтæ. Цæттæ дæ? Дæ фаг бахордтай?" 43
— Афон у!—загъта зæронд лæг хъæрæй, йа^ хæдæг æнгуыры босыл йæ дыууæ къухæй тын рахæцыд æмæ дзы раласта иу ярды бæрц, уы| фæстæ йыл фæрахæц-рахæц кодта куы йæ и къухæй, куы йе ’ннæ къухæй, йæ цæнгты æма йæ æппæт буары цыдæриддæр хъару уыди, уы мæй архайгæйæ, Дзæгъæлы уыд йæ фыдæбон. Кæф цадæгга{ дардæй-дарддæр цыд, зæронд лæгæн йæ бон на уыд иунæг дюйм дæр æй йæхимæ æрбаввахс кæ, нын. Йæ æнгуыры> бос фидар уыд, цыфæнд егъау кæф дæр æй нæ аскъуыдтаид. Йæ фæ^ сонтыл æй æрывæрдта æмæ йыл тынг рахæ] цыд, афтæ тынг, æмæ дзы доны ’ртæхтæ ралæ! дæрст. Стæй æнгуыры бос ссыф-сыф кодта доны фæлæ йыл уæддæр хæцыд, бæлæгъы бадæн йæхи ныббыцæу кæнгæ æмæ фæстæмæ ауæ: кæыгæ. Бæлæгъ цадæггай зилын райдыдта цæ гат-хурныгуылæны ’рдæм, цæст æй гæзæмæ куы æвзæрста, афтæ. Кæф ленк кодта æмæ кодта, æмæ цадæггай цыдысты айдæны хуызæн æмлæгъз денджызьс Нырма иннæ æнгуыртæ дæр денджызы уыдысты фæлæ сын зæронд лæгæн ницы йæ бон уыд. — Ех, ныр лæппу мемæ куы уаид!—загъта зæ! ронд лæг. — Сыфцæй мæ ласы кæф, мæхæдæг т| сыфцæй ласгæ цæджындзæджы* хуызæн дæн. Æщ * Цæнгæт кæнæ æндон къуыдыргонд; науы фындзыл фй даргонд вæййы сыфцæйласæн тел æрбæттынæн. 44
уыры бос бæлæгъы чъилмæ бабæттин, фæлæ уæд :яеф миййаг куы феуæгъд уа. Хъуамæ йыл фи- [йр хæцон, æмæ цас хъæуа, уыйас æй уадзон. Денджызы бынмæ кæй нæ цæуы, фæлæ ленк кæй <æны, уымæй табу хуыцауæн... Цымæ денджызы срфæнмæ цæуыивæнд куы скæнид, уæд цы ми ’акæнин? Цы ми бакæнин, денджызы бын йæ сзæхст куы фæцæуид æмæ уым куы амæлид, \гæд? Нæ зонын. Бæрæг уыдзæн. Мæ бон цы у, )хæм амæлттæ иу æмæ дыууæ ис! Зæронд лæг йæ фæсонтæй æнцад бæхсныгыл æмæ йæ хъус дардта, донмæ зулаив куыд бы- рыд æмæ бæлæгъ цæгат-хурныгуылæны ’рдæм цадæггай куыд цыд, уымæ. „Рæхджы азмæлдзæн кæф,—хъуыды кодта зæ- ронд лæг.—Уæдæ æнусмæ кæм ленк кæндзæн". Фæлæ ныр цыппар сахаты рацыд, æмæ кæф уæддæр æвæлмæцгæ арфæй-арфдæр цыд ден- джызы, йæ фæдыл ласта бæлæгъы, зæронд лæг та раздæрау бадти, йæ фæсонтыл ивæзт бæхснæ- джимæ йæхи бæлæгъы фæхсбандонмæ ныббыцæу кæнгæ. — Куы йæ ’рцахстон, уæд уыди æмбисбон,— загъта зæронд лæг. — Фæлæ йæ нырманæ фед- тоц. Кæф куы ’рцахста, уый агъоммæ йæ ныхыл æнгом ныккодта хъæмпын худ, æмæ ныр йæ царм рысти. Зæрод лæг^сдойны, æмæ, бæхсныг куын- 45
нæ фæцагайдтаид, афтæ, арæхстгай йæ уæрджы; тыл слæууыд, æввахс бабырыд бæлæгъы фындз* мæ æмæ йæ иу къухæй систа авг. Байгом æй кодта æмæ дзы цалдæр хъуыртты акодта. Стæй; йæхи æруагъта бæлæгъы фындзыл æмæ чысыл йæ фæллад суагъта. Бæлæгъы хъæдыл æвæрд уыд пæлæз. Уыцы пæлæзыл бадт æмæ йæ фæл- лад уагт>та æмæ цæмæй хъуыды нæ кодтаид,; фæлæ æрмæст йæ тых, йæ хъару бавæрдтаид,! ууыл архайдта. Стæй фæстæмæ фæкаст æмæ базыдта, зæхх кæй нал зыньг, уый. „Иицы кæны, — ахъуыды кодта зæронд лæг. — Æз кæддæриддæр фæндаг ссар- дзынæн, Гаванæйы цырæгътæм куы скъæроы, уæд. Хур ныгуылынмæ ма баззад дыууæ саха- ты, уæдмæ ма чи зоны фæуæлдон уа. Кæд уæд-^ мæ не ссæуа, уæд, чи зоны, мæйрухсмæ сленк1 кæна. Науæд та, чи зоны, боныцъæхæй, Мæ къух- тæ не ’ндзыг кæнынц æмæ мæ тых мæхимæ ис.1 Æнгуыр æз миййаг нæ, уый йæ куы аныхъуырд-1 та. ;Фæлæ афтæ тынг чи æнцайы, уый цымæ ца-| вæр кæф у, цавæр! Æвæццæгæн, тел дзæбæх акъæмс кодта. Мæ иу цæстæй йæ уæддæр куы. фенин, уæд зонин, хъуыддаг мæ кæимæ ис,| уый". ] Зæронд лæгæн стъалытæм гæсгæ йæ бон цас! рахатын уыд, уымæй кæф æхсæв бонмæ ленк йодта иууылдæр иуырдæм. Хур куы аныгуылд, . 46
уæд фæуазал, йæ хид байсыст йæ фæсонтыл, йæ уæхсчытыл æмæ йæ зæронд къæхтыл, æмæ суа- зал. Боны райста голлаг, кæфсайæн къенгуырты асыккыл цы голлаг уыд æмбæрзт, уый, æмæ йæ хурмæ байтыдта, цæмæй ссур уыдаид. Хур куы аныгъуылд, уæд голлаг йæ бæрзæйыл æрбаста, йæ чъылдыммæ йæ æруагъта æмæ йæ цадæггай бæхсныджы бын фæкодта. Ныр æй бæхсныг уый бæрц нал лыг кодта, æмæ, бæлæгъы фындзыл æрынцой кæнгæйæ, йæхи афтæ ныггуыбыр кодта, æмæ йæм тынг æнцойвадат фæкаст. Раст куы зæгъæм, уæд ын ахæм уавæры бирæ æнцондæр нæ уыди, фæлæ йæхицæн дзырдта, зæгъгæ, ит- тæг хорз бады. „Ницы йын мæ бон цæуы, фæлæ мын уый дæр ницыхъом у,~загъта зæронд лæг йæхицæн.— Æппыннæйæ, цалынмæ исты ног фокус æрымы- са, уæдмæ". Иу хатт сыстад бæлæгъы чъилæй йæ доныхуыпп кæнынмæ æмæ стъалытæм скæсынмæ, цæмæй ба- зыдтаид, бæлæгъ кæдæм цæуы, уый. Бæхсныг æм Ц>тæ касти, цыма йæ уæхскæй комкоммæ донмæ чи цæуы, ахæм лыстæг таг у. Ныр ленк кодтой Дадæгдæр, Гаванæйы цырæгътæ фæмынæгдæр сты—æвæццæгæн, дон цыд хурскæсæны ’рдæм ^мæ сæйемæ хаста. „Иугæр Гаванæйы цырæгъ- 47
тæ н^лзынынц, уæд мах тынгæй-тынгдæр цæуæм хурскæсæнмæ, —ахъуыды кодта зæронд лæг.— Кæф уыцы иу раст куы цыдаид, уæд мæм ныр- ма бирæ сахатты дæргъы зындаиккой Гаванæйы цырæгътæ. Цымæ абон матчтæяуыд фесты? Хорз уаид, бæлæгъы радио куы уаид, уæд". Фæлæ йæ хъуыдытæ фæурæдта: „Æндæр хъуыддæгтыл ма хъуыды кæн! Хъуыды кæн, цы аразыс, ууыл. Хъуыды кæн, цæмæй мацы æдылы ми бакæнай". Хъæрæй та загъта: — Ех, ныр лæппу мемæ куы уаид. Уый мын баххуыс кæнид æмæ уыдæттæ иууылдæр мæхæ- дæг фенин. „Лæгæн зæры бонты иунæгæй баззайын хорз нæу, — хъуыды код’та зæронд лæг. — Фæлæ йын æндæр хос нæй. Куы нæ мæ ферох уаид тунец ахæрын, цалыымæ не стæф кодта, уæдмæ. Хъуамæ ма бастайон. Куы нæ мæ ферохуаидйæ ахæрын бонырдæм, æппындæр æххормаг куы нæ он, уæддæр. Æрмæст мæ рох ма фæуæд",—цал- дæр хатты загъта йæхицæн. Æхсæвы бæлæгъмæ æрбаленк кодта дыууæ денджызаг хуыйы. Зæрод лæг хъуыста: нæл хуы сыф-сыф кæны хъæрæй, дзæргъæн гæзæмæ хъуысы йæ сыф-сыф, цыма хъæрзгæ кæны. — Уыдон хорз сты,—загъга зæронд лæг.—Хъа- зынц, сæхи ирхæфсынц æмæ кæрæдзи уарзынц. Уыдон махæн хæстæг сты, раст тæхгæ кæсаджы хуызæн. 48
Отæй тæригъæд байдыдта стыр кæфæн, æн- гуыр æй кæй æрцахста, уымæн. „Диссаджы кæф! Яунæг хуыцау йæ зонæг, цал азы фæцард а-ду- нейы! Никуы мыл сæмбæлд ахæм тыхджын кæф. Æмæ куыд æнахуыр фæткыл лæуд у! Чи зоны гæппытæ уымæн нæ кæны, æмæ тынг зæндджын у. Куы агæпп кодтаид, кæнæ йæчтых, йæ бонæй размæ куы ариуыгътаид, уæд мын æнæбабын нæ уыди. Фæлæ чи зоны къорд хæттыты бахауд æнгуырмæ æмæ æмбары, афтæ йын æнцоидæр кæй у йæхи фервæзын кæныныл тох кæнын, уый. Кæцæй хъуамæ зона, йæ ныхмæ æрмæст иу лæг кæй ис, уый, æмæ уый дæр зæронд лæг. Фæлæ куыд стыр кæф у æмæ йæ фыд хæрзад куы ра- зына, уæд цымæ цас æхца райсдзæн! Кæфсайæн цъенгуыр ахордта нæлгæфы хæрд, ласы мæ, иæл- гæфау, æмæ мемæ тох кæны иттæг æхсарджы- иæй. Цымæ зоны, цы ми кæнын æй хъæуы, уый, æви, мæнау,ленк кæны кæдæмфæнды уæд?" Зæронд лæгæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, иу хатт æнгуырæй марлин сыл кæф куыд æрцахс- та, уый. Нæлгæф кæддæриддæр хæринагмаб фыц- Цаг бауадзы сыл кæфы æмæ æнгуыр йæ хъуы- ры куы фæбадт сыл кæфæн æмæ тæссæй удуæл- Дай карз тох куы самадта, уайтагъд æй чи ба- домдта, ахæм тох, уæд дзы нæлгæф иунæг къах- Дзæф дæр фæстæ нæ зад, ленк кодта йæ фарсмæ фмæ йемæ зылди денджызы уæлцъар. Афтæ æв- Денджызаг кæсаджы мыггаг. 4* 49
вахс æм ленк кодта, æмæ зæронд лæг тарсти- зæгъгæ, миййаг æнгуыры бос куы ачъепп кæна йæ къæдзилæй,—æхсырфау цыргъ æмæ джиппæв дæр æхсырфы хуызæн уыд йæ къæдзил. Зæронд лæг хæдз ныссагъта сыл кæфы æмæ йæ мæ% цъисæй фæцæф кодта, стæй йын йæ арцы хуьь зæн цыргъ æмæ ардуанау дæрзæг дзыхыл хæ-1 цыд æмæ цалынмæ йæ сæр, айдæыы цæгат кæ- мæй сæрдынц, ахæм ахорæны хуызæн сси, уæд- мæ йын æй мæцъисæй надта, уый фæстæ йæ лæппуимæ бæлæгъмæ æрбаласта. Уыцы рæстæ- джы нæлгæф йæ цурæй нæ ацыд. Уый фæстæ зæронд лæг æнгуыры бос тухын æмæ хæдзы рæвдз кæнын куы райдыдта, уæд нæлгæф бæлæ- гъы фарсмæ бæрзонд сгæпп кодта уæлдæфы, цæ- мæй бакастаид, кæддæра йе ’мбал цы баци, стæй афардæг доны æрфæны, йæ риуы фæлурс си- ренгъуыз базыртæ айтыгъта, йæ чъылдымыл дæр бæлвырд зындысты сиренгъуыз фæтæн тæлмы- тæ. Зæронд лæгæй нæ рох кодта уыцы дисса- джы рæсугъд нæлгæф. Кæронмæ иузæрдион уыд йе ’мбал сыл кæфыл. „Ууыл куыд фæрыст, афтæ никуы ницæуыл фæрыст мæ зæрдæ денджызы, — ахъуыды кодта< зæронд лæг.—Лæппумæ дæр бахъардта, æмæ сыл кæфæй хатыр ракуырдтам æмæ йæ цæрдæг руæнгтæ кодтам". * — Ех, ныр лæппу. мемæ куы уаид! — хъæрæй 50
загъта зæропд лæг æмæ дзæбæхдæр бабадт бæ- лæгъы фындзы тымбылзылд фæйнæджытæм, бæхсныг ын æлхъывта йæ уæхсчытæ æмæ æл. пынæдзух æнкъардта стыр кæфы ахъаззаг тых, уый та æнæфæцудгæ тырныдта, йæ разы кæй æрывæрдта, ахæм цыдæр нысанмæ. — Акæс-ма, дæ хорзæхæй, æз ыл мæнгардæй кæй рацыдтæн, уый тыххæй йæ бахъуыд йæ тæрхон аивын! „Уымæн йæ хъысмæт уыди океаны тар арфы дауын, алыхуызон хин æмæ кæлæн митæй, адæй- маджы мæнгардзинæдтæй дарддæр куыд уыдаид, афтæ. Мæ хъысмæт та афтæ уыди, цæмæй иунæ- гæй йæ фæдыл рацыдаин æмæ йæ ссардтаин, нырма адæймаг кæм нæ уыд, уым. Иунæг адæй- маг дæр дунейы. Ныр мах баиу стæм суанг æм- бисбонæй фæстæмæ. Æмæ æххуысгæнæг нæй нæ дæр уымæн, нæдæр мæнæн". „Чи зоны мæн кæсагахсæг суæвын нæ хъуыд,— хъуыдьт кодта зæронд лæг.—Фæлæ уымæн куы райгуырдтæн, цæмæй кæсагахсæг уыдаин. Куы сбон уа, уæд мæ тунец ахæрын куы нæ ферох Уаид". Хурскастмæ бирæ нал уыд, афтæ йæ фæсчъыл- Дым иу æнгуырмæ февнæлдта кæф. Фехъуыста, уис куыд асаст æмæ синаг бæлæгъы чъилыл кУыд абырыд, уый. Талынджы кард сласта йæ кæрддзæмæй æмæ, кæфы уæз иууылдæр йæ га- 51
. лиу уæхскæй уромгæиæ, фæстæмæ йдзæг кодта æмæ æыгуыры бос бæлæгъы чъилмæ алыг кодта! Уый фæстæ алыг кодта, йæ фарсмæ цы æнгуы! ры бос уыд, уый дæр æмæ талынджы кæрæдзи- йыл фидар бабаста. фæсауæрц къуыбылæйттн кæрæттæ. Хæрзарæхстæй куыста йæ иу къу| хæй, йæ къахæй хæцыд къуыбылæйттыл, цæ^ мæй ч тынгдæр алхъывтаид æлхыыцъы цасм. Ныр æм æнгуыры бос фæсауæрц уыди æнæхъæн авд къуыбылойы: фæйнæ дыууæйы, кæй альш кодта, уыцы æнгуырты бостæй, дыууæ та, кæф цы æнгуыр æрцахста, , уымæй. Къуыбылæйтн ты кæрæттæ иууылдæр кæрæдзийыл балхынцъ кодта. „Куы сбон уа,—хъуыды кодта зæронд лæг,— уæд ссардзынæн, дыууиссæдз сардзины цы æн- гуыры бос ауагътон, уый æмæ уый дæр алыг кæндзынæн æмæ йæ бафтаудзынæн фæсауæрц къуыбылæйттæм. Æцæг мао дыууæсæдæ сардаи-, ны каталойнаг фидар бæхсныг фæхъæудзæн, æн-| гуыртæ æмæ уæзыхос згъæртыл куы нæ дзурон,! уæддæр. Фæлæ уый ницы кæны, уыдон та лæг| ссардзæн. Фæлæ æнгуырмæ æндæр исты кæф! куы ’рбацæуа æмæ ацы кæф куы феуæгъд уа,1 уæд ма мын æндæр кæф кæм уыдзæн? Ныртæк^ кæ йæм цавæр кæф æрбацыд, уымæн дæр ницы] зонын. Чи зоны, марлин у кæнæ хъама-кæсаг,*] * Денджызаг кæсаджы мыггаг. * 52
гъе та акулæ. Цавæр у, уый банкъарцны фадат мæ нæдæр фæци. Тагъддæр дзы куыц фервæз- таин, ууыл мæ хъуыд бацархайын". Хъæрæй та афтæ загъта: — Ех, ныр лæппу мемæ куы уаид! „Фæлæ лæппу демæ нæй,—хъуыды кодта зæ- ронд лæг.~Дæхицæй дарддæр дын ничи ницы баххуыс кандзæн, æмæ кæд ныртæккæ талынг у, уæддæр хуыздæр уаид, иннæ бос, фæстаг æн- гуыры бос ссарыныл дæр куы бацархаис, куы йæ алыг кæнис æмæ дыууæ фæсауæрц къуыбыло- йы кæрæттæ иумæ куы балхынцъ кæнис, уæд". Æцæгдæр афтæ бакодта зæронд лæг. -Талын- джы йын зын уыд кусын. Иу хатт кæф афтæ ари- уыгъта, æмæ зæррнд лæг дæлгоммæ фæфæл- Дæхт, йæ цæсгом æрхаста бæлæгъы фæйнæджы- тæм æмæ йе ’хсæрфарс фæхъæдгом йæ цæсты бын. Йæ туг йæ уадулыл æркалд, фæлæ бацахст æмæ бахус, йæ роцъомæ не ’рхæццæ, афтæ; фæс- тæмæ бабырыд бæлæгъы фындзмæ æмæ йæхи æруагъта, цæмæй аулæфыдаид. Зæронд лæг ба- Дзæбæх кодта голлаг, йе уæхсчытыл бæхсныг кæуыл æнцад, уыцы голлаг, арæхстгай баивта бæхсныг æндæр ранмæ, нырма æфхæрд кæм нæ Уыц, ахæм ранмæ, æмæ уæз иууылдæр йе уæхс- чьгтæм сарæзта, афтæмæй бафæлвæрдта, кæф тынг хæцы размæ æви нæ, уый сбæрæг кæнын, 53
стæй йæ къух доны ауагъта, цæмæй базыдтаид; кæддæра бæлæгътагъд цæуы. ’, „Цымæ цæмæн афтæ атъæпп кодта,—ахъуы’,- ды кодта зæронд лæг.—Æвæццæгæн, тел фæбьр рыд йæ чъылдымы стыр къуыппæй. Кæй зæгъьп| æД хъæуы, мæиæн куыд риссы, уымæн афтæ нае риссы йæ чъылдым. Фæлæ цыфæнды стыр куй уа, уæддæр кæдмæ хъуамæ ласа бæлæгъ! Искуы йыи кæрон уыдзæн. Ныр фервæзтæн, цæмæйдæ- риддæр мын тас уыди, уыдæттæй; бирæ мæм ис бæхсныг фæсауæрц, — æндæр ма цы хъæуьт лæджы?" — Уæ мæ хур акæнай, кæф,— цадæг фæдзырд-, та зæронд лæг,—цалынмæ амæлон, уæдмæ мын дæуæй фæхицæн нæй. * ; „Нæдæр мæ, æвæццæгæн, йæхæдæг фæхицæя уыдзæн",—ахъуыды кодта зæронд лæг æмæ æн- хъæлмæ кæсын байдыдта райсоммæ., Æрбабоны размæ уыди уазал, æмæ фæйнæджытæм йæхй нылхъывта, цæмæй йын чысыл хъармдæр уы- даид. „Кæд уый быхсы, уæд æз дæр быхсдзьи нæн". Оæуæхсид сæмбæлд денджызы æрфæнмæ ацæ-| уæг ныттынггоид æнгуыры босыл. Бæлæгъ раз- мæ цыди æппынæдзух, æмæ æрвгæронæй хур йæ цæст куы сдардта, уæд йæ рухс аныдзæвд зæ- ронд лæджы рахиз уæхскыл. 1 —Кæф ленк кæны цæгатырдæм, — загъта заз- 54
оонд лæг. — Донвæд та нæ, æвæццæгæн, бирæ ахаста хурскæсæны ’рдæм. Донвæдмæ куы рази- лид, уый мæ фæнды. Уый уый иысан уаид, æмæ бафæллад. Фæлæ хур бæрзонддæр куы ссыд, уæд зæронд лæг бамбæрста, кæфæн фæллайын йæ фæсон- æрхæджы дæр кæй нæ уыд, уый. Æрмæст дзы иу æхсызгон хъуыддаг уыди: æигуыры бос ’доны цæй бæрц уырдыг уыд, уый æвдыста, кæф ныр уæ- лæнгайдæр кæй ленк кодта, уый. Фæлæ уый æп- пындæр уый нысан иæ уыд, æмæ æнæмæнг уæл- донмæ сленк кæндзæн. Æаиу гæнæн уыди æмæ ленк дæр скодтаид. — Хуыцау, сленк æй кæнын кæн уæлдонмæ!— загъта зæронд лæг.—Бæхсныг мæм фаг ис, цæ- мæй мæ къухы бафта. „Тынгдæр ралхъивын мæ бон куы бауид, уæд ын чи зоны фæриссид æмæ рагæпп кæнид,— ахъуыды кодта зæронд лæг.—Ныр иугæр сбон, уæд уадз æмæ рагæпп кæнæд. Уæд йе ’рагъ куыд ахаста, афтæ йын дæргъæй-дæргъмæ цы лепк- гæнæн мисындзæгтæ ис æвæрд, уыдон уæлдæ- фæй айдзаг уыдзысты æмæ денджызы арф ацæ- уын æмæ уьш амæлын йæ бон нал бауыдзæн". Афæлвæрдта бæхсныг тынгдæр райвазын, фæ- лæ кæф куы ’рцахста, уæдæй фæстæмæ бæхс- цыг æнæуый дæр тынг ивæзт уыди, æмæ йæ НьФ цæмæй тынгдæр райвæзтаид, уый тыххæй 55
фæстæмæ куы адзæг кодта, уæд йæ фæсонтæ рыстысты æмæ бамбæрста, йæ фæндæй кæй ни- цы рауайдзæн, уый. „Æваст ратъæпп гæнæн та йын уæвгæ нæй,—ахъуыды кодта зæронд лæг.— Алы рахæстæй дæр егъаудæр кæны йæ хъæд- гом, æнгуырæй кæм фæхъæдгом, уый, æмæ кæф куы фестъæлфа, уæд гæыæн ис æмæ æнгуырæй феуæгъд уа. Цыдæриддæр у, уæддæр ныртæк- кæ, хуры рухсмæ, æз мæхи хуыздæр хатын æмæ мын æм ацы хатт кæсын нæ хъæуы"/ Æнгуыры 4 босыл стыхстысты бур донхалтæ, фæлæ сыл зæронд лæг цин кодта, амæн æмæ бæлæгъы цыд фæсындæгдæр кодтой. Уыдон уы- дысты, дысон афтæ тынг цы донхалтæ рухс кодтой, уыдон. — Уæ мæ хур акæнай, кæф, — загъта зæронд лæг,—бирæ дæ уарзын æмæ дæ тынг аргъуц кæнын. Фæлæ цалынмæ баизæр уа, уæдæмæ дæ амардзынæн. „Ныфс мæ ис, бантысдзæимын",—ахъуыды код- та зæронд лæг. Цæгаты ’рдыгæй бæлæгъмæ æв- вахс æрбатахт иу гыццыл цъиу. Цъиу тахти хæрз ныллæг. Зæронд лæг федта, цъиу тынг кæй бафæллад, уый. Цъиу æрбадт бæлæгъы фæстаг кæрон, цæмæй йæ фæллад суагътаид. Стæй æрзылди зæронд лæдяш сæрмæ æмæ бæхсныгыл абадт, уым ын дзæбæхдæр уыд. 56
— Цал азы дыл цæуы?—бафарста йæ зæронд лæг. — Æвæццæгæн фыццаг хатт дæ балцы? Цъиу æм æрбакаст дзуаппы охыл. Цъиу æгæр фæллад уыди, нæ басгæрста, бæхсныг цас æм- бæлы, афтæ’ивæзт у æв’и нæ, уый æмæ бæхс- ныгыл йæ уæздан гыццыл ныхтæ æртыхта æмæ æрмæст æнкъуысæгау кодта. — Матæрс, бæндæн тынг ивæзт у,—загъта йын зæронд лæг.—Æгæр тынг ивæзт дæр ма у. Дысон дымгæ нæ уыд æмæ дын афтæ бафæлла- йын не ’мбæлд. Ех, ныры рæстæджы æндæр сты мæргътæ! „Фæлæ цъиусуртæ уæ размæ ратæхынц ден- джызмæа,~-хъуыды кодта зæронд лæг. Фæлæ йæ цъиуæн нæ загъта, æниу æй уæддæр нæ бам- бæрстаид. Ницы кæны, рæхджы йæхæдæг иу- уылдæр базондзæн цъиусурты хабæрттæ. — Дзæбæх баулæф, гыццыл цъиу,—загъта зæ- ронд лæг. — Стæй атæх денджызы былмæ æмæ тох кæн, алы лæг дæр, алы маргъ дæр кæнæ алы кæсаг дæр куыд тох кæны, афтæ. Цъиуимæ кæй аныхас кодта, уымæй фæцырд- Дæр, æндæра дысон бонмæ йæ чъылдым бынтон- Дээр бандзыг æмæ йын ныр дудыдта. — Мемæ уал бад, гыццыл цъиу, кæд дæ фæн- Дн, уæд,—загъта зæронд лæг. — Хорз нæу, пæ- лæз сывæрæн мын кæй нæй, уый, æндæра Д^ сур зæхмæ баласин, æниу цацæггай стын 57
райдыдта дымгæ. Фæлæ мæнæн ам ис хæлар æмæ йæ ам ныууадзын мæ бон нæу. 1 Уыцы уысм кæф æваст ариуыгъта æмæ зæ< ронд лæг афæлдæхт бæлæгъы фындзыл. Бæлæ- гъы чъилтыл йæ къухтæй куынæ ныззæгæл уы- даид æмæ бæхсныг куыиæ ауагътаид, уæд æй бæлæгъы чъилæй дæр аластаид. Бæхсныг куы фенкъуыст, уæд цъиу стахт æмæ куыд фæтары, уый зæронд лæг фиппайгæ дæр нæ фæкодта. Бæхсныгыл авæрдта йæ рахиэ къух æмæ федта, йæ къухæй туг кæй цыд, уый, — Æвæццæгæн кæфæн дæр риссы, — загъта хъæрæй æмæ бæхсныгыл рахæцыд, кæддæра кæ- фы иннæрдæм аздахын йæ бон баиуд æви нæ, Бæхсныг йæ тых, йæ бонæй айвæзта æмæ та сагъдау аззад, раздæр цы уавæры уыди, уыцы уавæры. — Зын дын у, кæф? — бафарста йæ зæронд лæг. — Хуыцау ме ’вдисæн, мæхицæн дæр æнцон- дæр нæу. Йæ цæстытæй ацагуырдта цъиуы, амæн æмæ искæимæ куы аныхас кодтаид, уый йæ фæндыд. Фæлæ цъиуыл йæ цæст никуы схæцыд. „Бирæ нæ фæдæ мемæ,—ахъуыды кодта зæрояд лæг,—фæлæ ды кæдæм атахтæ, уым дымгæ би- рæ тыхджындæр у, æмæ суанг сур зæхмæ дым- гæ кæндзæн. Уый куыд бауагътон кæфы, æмæ кын иу æваст риуыгъдæй мæ туг куыд рауагъ- 58
та? Æвæццæгæн мæ зонд бынтон фæцыд. Æви, чи зоны, цъиумæ кæеыныл фæдæн æмæ æрмæст ууыл хъуыды кодтон? Ныр æз хъуыды кæндзы- нæн мæ’ хъуыддагыл æмæ тунец бахæрдзынæн, цæмæй фæтыхджындæр он". — Ех, ныр лæппу мемæ куы уаид æм:æ мæм цæхх дæр куы уаид, — хъæрæй загъта зæронд лæг. Кæфы уæз раивта йæ галиу уæхскмæ, цадæг- гай æрлæууыд йæ уæрджытыл æмæ йæ къух ныхсадта, иу минуты бæрц æй доны адардта æмæ тугвæд куыд пырх кæны, йæ къухыл дон куыд æмбæрцæй кæлы, уымæ каст. — Ныр кæф бирæ сындæгдæр ленк кæны,— загъта зæронд лæг хъæрæй. Зæронд лæджы фæндыди йæ къух цæхджын доны фылдæр адарын, фæлæ тарсти, зæгъгæ, кæф та куы атъæпп кæна. Уымæ гæсгæ йæ къæхтыл слæууыд, йæ чъылдымæй бæхсныг ай- вæзта æмæ йæ къух хурмæ бадардта. Вæхсныг ын йæ къух фæцъæррæмыхст кодта æрмæст иу ран, фæлæ ахæм ран уыди хъæдгом, æмæ йæ хъыг дардта куыстмæ бавналын. Æнæзонгæ нæ уыди, абон æй иу æмæ дыууæ хатты кæй нæ бахъæудзысты йæ къухтæ æмæ маст кодта, тæк- кæ райдайæны йын кæй фæхъæдгом сты, ууыл. — Ныр, — загъта зæронд лæг, йæ къух куы ССУР> уæд,—хъуамæ тунец бахæрон. Мæ бон у, 59
æмæ йæ хæдзæй æрбаласон æмæ дзæбæх бахæ-^ рон. | Зæронд лæг та йæ уæрджытыл æрлæууыд, бæ-| лæгъы фæстаг кæрон голладжы бын хæдзæй1 ссардта тунец æмæ йæ йæхимæ баласта, æнгуы- ры бæхсныджы къуыбылæйттæ куыд нæ фæца- гайдтаид, ууыл архайгæйæ. Кæфы уæз та иууыл- дæр йæ галиу уæхскмæ раивта, галиу къухæй фидар ныххæцыд бæлæгъы чъилыл, афтæмæй хæдзы къæпсырæй рафтыдта тунец æмæ хæдз йæ бынаты нывæрдта., Йæ уæрагæй æрылхъывта тунецы æмæ йын йæ чъылдымæй — къæбутæй суанг йæ къæдзилмæ — лыгтæ кæнын райдыдта тарбын сырх дзидзайы дæргъвæтин хæйттæ. Ра- лыг дзы кодта æхсæз цуркау кæрдихы æмæ сæ æрывæрдта бæлæгъы 4 фындзы фæйнæджытыл, стæй йæ кард йæ дæлафыл асæрфта, тунецы стæгдар йæ къæдзилæй систа æмæ йæ денджыз- мæ аппæрста. ■—Æнæхъæн кæрдих, æввæцц,æгæн, нæбахæр- дзынæн,—загъта йæхкнымæр æмæ дзы иу кæр- дих йæ астæуыл алыг кодта. Зæронд лæг æнкъардта, егъау кæф, раздæрау, куыд тынг æнцад, уый, афтæмæй йæ галиу цонг бынтондæр бастад, йæ гæндзæхтæ чи цæгъ- ды, ахæм лæджы къухау алхъывта бæндæн æмæ йæм зæронд лæг æнæуынон цæстæй бакаст. \—Ныр ай цавæр къух у, хуыцауы тьгххæй!— 60
загъта зæронд лæг. — Хорз, бапдзыг у, кæд дæ афтæ фæнды, уæд. Цъиуы къах фест, фæлæ дыы уымæй ницы рауайдзæн. „Ахæр, мæнæуи,—ахъуыды кодта йæхинымæр, тарбын денджызмæ æмæ доны мидæг æнгуыры босы зул хахмæ фæкæсгæйæ, — æмæ дæ къух фæтыхджындæр уыдзæн. Цы азым æм ис? Ныр цал сахаты хæцыс кæфыл æнæсцухæй. Фæлæ йæ нæ ныууадздзынæн, цалынмæ хъуыддаг кæ- ронмæ ахæццæ кæнай, уæдмæ. Ныр уал ахæр". Райста кæсаджы фыдæй иу комдзаг, йæ дзы- хы йæ бакодта æмæ йæ цадæггай æууилын рай- дыдта. Уый бæрц æвзæр ад нæ кодта. „Хорз æууил, — хъуыды кодта зæронд лæг,— цæмæй дзы иунæг æртау дæр ма фесæфа, Æв- зæр нæ уаид лимонимæ, кæнæйыл, æппыннæйæ, цæхх айзæрын". — Гъе, куыдтæ дæ, мæ къух? — бафарста йæ æндзыг къухы, мард лæджы къухау чи ныхъхъæ- бæр, уый.—Дæу тыххæй цзы ноджыдæр иу ком- дзаг бахæрдзынæн. Зæронд лæг бахордта, йæ астæуыл кæй алыг кодта, уыцы хайæн йæ дыкккаг кæрдих дæр. Зæрдиагæй йæ баууылдта, стæй йын йæ царм йæ дзыхæй ату кодта. — Гъе, куыдтæ дæ, мæ къух, фæдзæбæхдæр Дæ? Æви йын нырма ницы рахатыдтай? Райста ноджы иу кæрдих æмæ уый дæр ба- хордта. 61
„А,й æнæпиз, хæрзхъæд кæсаг у,—ахъуыды код^ та зæронд лæг. — Хорз у, æмæ тунец разынд* макрель иæ, фæлæ. Макрель æгæр адджын у. Фæ- лæ ацы кæсаджы гæзæмæйы йедтæмæ адджинаг нæй, æмæ йæ æфсисæххуыс нæ фесæфт. Фæлæ фæрссаг хъуыдыты фæдыл нæ хъæуы цæуын,— асагъæс кодта зæронд лæг.—Хорз нæу, цæхх мæм иу тæпп уæддæд кæй нæй, уый. Стæй ма кæсагæй чи баззад, уый хурмæ фæлвых суы- дзæн æви сыемаг уыдзæн, уымæн дæр ницы зо- еын. Уый тыххæй йæ цæй æмæ бахæрон, æниу мын æххормаг нæу, фæлæ. Стыр кæф æнцад, æнæзнæт у. Бахæрдзынæн туяец иуылдæр æмæ рæвдз уыдзынæн. — Бауром, мæ къух,—загъта зæронд лæг.—Кæ- сыс, дæу тыххæй куыд архайын. „Æмбæлы мын стыр кæфæн даар хæринаг рад- тын,—ахъуыды кодта зæронд лæг.—Хицон мын куы у. Фæлæ йæ æз хъуамæ амарон, æмæ мæм уый тыххæй та хъуамæ тых уа". Тунецы цуркау кæрдихты зæронд лæг иууыл- дæр бахордта цадæггай, æнæзæрдæхудтæй. Йæ къухтæ йæ хæлафыл сæрфгæ-сæрфын йæ астæу сраст кодта. — Гъе, афтæ,—загъта зæронд лæг.—Ныр дæ бон у, мæ къух, æмæ æнгуыры бос суадзай. Æз ьтл хæцдзынæн мæ иунæг рахиз къухæй, цалын- мæ ды хынджылæг кæнын ныууадзай, уæдмæ. 62
Раздæр йæ галиу къух кæуыл хæцыд, уыцы ставд бæхсныг æрылхъывта йæ галиу къахæй, фæстæмæ адзæг кодта æмæ кæфы уæз райста йæ фæсонтæм. — Хуьщау зæгъæд, цæмæй ме ’ндзыг ссæуа!— загъта зæронд лæг.—Чи йын цы зоны, нырмацы хъуыды æрцæудзæн йæ сæрмæ ацы кæфæн. „Бакæсгæйæ знæт нæу, — ахъуыды кодта зæ- ронд лæг,—æмæ архайы фæндонæй. Фæлæ йæм цымæ цы фæнд æрцыд? Æмæ цы бакæнинаг дæн æз та? Æз мæ пълан хъуамæ саразон уый пълан- мæ гæсгæ, ахæм диссаджы стыр кæф у. Кæд уæлæмæ сленк кæна, уæд æй амардзынæн. Фæ- лæ афтæ арф куы уа, уæд та? Уæд æз дæр йæ цуры лæудзынæн". Йæ æндзыг къух йæ хæлафыл асæрфта, æмæ бавзæрста йæ æнгуыдзтæ йып рараст кæнын. Фæлæ нæ тасыдысты. „Чи зоны, хурмæ ску- сой,—ахъуыды кодта зæронд лæг.— Чи зоны, мæ ахсæны хом тунец куы батайа, уæд скусой. Аф- тæ тынг мæ куы бахъæуа мæ галиу къух, уæд æй скусын кæндзынæн, цыфæнды зын мын кУн уа, уæддæр. Фæлæ йæм ныртæккæ тых бахæссон, уый мæ нæ фæиды, Уадз æмæ йæхи гъæдæй райгас уæд, æмæ йæхигъæдæй скусæд. Цыфæнды куы загъдæуа, уæддæр æй дысон тннг бафхæрдтон, æнгуыры бостæ иууылдæр алыг кæнын æмæ кæрæдзийыл бабæттын куы Хгьуыди, уæд". 63
Зæронд лæг дард акасти æмæ бамбæрста, ныр< тæккæ куыд иунæг у, уый. Фæлæ уый зыдта| денджызы æрфæны ныгъуылæг алыхуызон ху| ры тынтæ, тынггондæй доны арф ацæугæ бæхс^ ныг æмæ денджызы лæгъз уæлцъары диссаджу æнкъуыст. Мигътæ æмбырд кодтой. Уый уыди) хус дымгæ кæй уыдзæни, уый æвдисæн. Доны сæрмæ арвыл бæлвырд ауыдта аццыты къорд. Иу хатт апырх сты, стæй та ноджы бæлвырд- дæрæй разындысты, æмæ зæронд лæг бамбæрста, лæг денджызы иунæг кæй никуы вæййы, уый. Зæронд лæг ахъуыды кодта, иуæй-иутæ ден- джызы къаннæг бæлæгъы кæй фæтæрсынц, ууыл, æмæ аскъуыддзаг кодта, зæгъгæ, уый æцæгдæр тæссаг у, хъызт æваст куы скарз вæййы, уыцы мæйты. Ныртæккæ та у уады рæстæг, фæлæ уал нæма и,, уый у афæдзы тæккæ хуыздæр рæс- тæг. „Уад æрыввахс кæны, зæгъгæ, уæд ын, ден- джызы уæвгæйæ, кæддæриддæр йæ нысæнттæи арвыл фенæн ис цал/1;æр боны агъоммæ. Сур зæххыл уыцы щасæнттæ нæ уынынц, хъуыды код- та зæронд лæг, амæн æмæ цæмæ кæсой, уый нæ зонынц. ’Стæй сур зæххыл мигътæн сæ формæ дæр бынтон æыдæргъуызон у. Æниу яыртæккæ æппындæр ницы тас у уадæй". Зæронд лæг скаст арвмæ æмæ дзы федта йæ уарзон сæлдæджы хуызæн урс мигъты цæндтæ 64
уьтдон уæлæ та сентябры бæрзонд арвыл, бум- булийы хуызæн фæлурс мигъты пирæнгæмттæ. — Рæхджы райдайдзæн рог дьшгæ, — загъта яæронд лæг,—Æмæ уый дæуæй мæнæн бирæ пай- дадæр у, мæ уарзон кæф. Йæ галиу къух нырмæ æндзыг уыди, фæлæ дзы ныр гыццылгай йæ бон архайын уйд. „Мæ удхæссæг у, мæ къух кæй бахуыскъау вæййы, уый,—ахъуыды кодта йæхинымæр.—Дæ- хи къух дыл ахæм гадзрахатæй рацæуа! Кæса- джы фыдæй куы фæхъæстæ уай, æмæ адæмы цур дæ гуыбынæй уынгæджы куы фæуай, кæнæ лæм омын куы цæуа, уæд уый æгад у, уæдæ циу. Фæлæ лæгæн йæ уæигтæ бандзыг сты æмæ нæ гæндзæхтæ цæгъдæгау. кæны, уæд æй уый уæлдай æгадмæ тæры, иунæг куы вæййы, уæд’Ч „Лæплу мемæ куы уаид,—ахъуыды кодта йæ- -инымйер,— уæд мын мæ къух æрсæрфид æмæ иæ айвæзтытæ кæицд рæмбынкъæдзæй æнгуылдз- тæм. Фæлæ ницы кæпы, æнæуый дæр скус- Дзæн". * " - Афтæмæй, бæхсныг ныры онг цас æмуырдыг Уьгд, афтаз кæй нал уыд, цалынмæ зæронд лæг Уый бафиппайдта,-уымæй дæр раздæр йæ рахиз Кьух фенкъардта: кæф бæхсныгыл раздæрау тьШг нал хæцы. Фæстæмæ анцой кодта, йæ га- ^иу къухæй йæ тых, йæ бонæй æртъæпп-тъæпп к°Дта йæ агъд æмæ федта: бæхсныг цадæггай У^лæмæ ссæуы.
— Ссæуы, — загъта зæронд лæг. — Цæй, ма& къух, пыр скус! Дæ хорзæхæй! } Бæхсныг тынгæй-тынгдæр ивæзт дæргъырдæм} æмæ уалынмæ бæлæгъы размæ океаны уæлцъа$ скъуыпп, æмæ кæф рахызт донæй. Донæй цыди æмæ цыди, лæг загътаид, кæрон ын нæ уыдзæн] йæ фæрстæй дон къадатæй уади дæлæмæ. Цы уьй ди, уымæй иууылдæр хурмæ цæхæр калдта, йза сæр æмæ йæ чъылдым уыдысты тарбын фиолет| гъуыз, йæ фарсыл цы уаццæгтæ уыди, уыдоз та хуры рухсмæ зындысты тынг уæрæх æмЦ цæстæн æхцон сиренгъуыз. Фындзы бæсты йыш уыди даргъ æхсаргард, бейсболы клюшкæйье хуызæн, йæ бырынкъ—цыргъ арцы бырынкъау.] Цыдæриддæр уыди, уымæй иууылдæр допæй, рахызт, стæй, хæрзарæхст ленкгæнæгау, йæхи до-1 ны фæстæмæ цадæг ауагъта, æмæ йæ æхсырфы! хуызæн къæдзил куыддæр доны аныгъуылд, аф-1 тæ æнгуыры бос тагъд хæлын раидыдта. \ — Кæф ма бæлæгъæй дыууæ футы даргъдæр» у,—загъта зæронд лæг. | Æигуыры бос денджызмæ тагъд цыди, фæлая иугъуызон тагъд, æмæ бæрæг уыди, кæф тæрс4 гæ кæй нæ фæкодта, уый. Зæронд лæг йаэ дыууæ къухæй тынг хæцыд бæхсныгыл. Æнæ- зонгæ нæ уыд, кæфы цыд фæсабырдæр кæныа йæ къухы куынæ бафта, уæд йæ бæхсныджы] фæсауæрц иууылдæр фæуыдзæн æмæ кæф фе-) уæгъд уыдзæн. 06
^Кæуылты у, кæуылты, уæвджиæдæр ацы кæф! (ъуамæ мын мæ тых ма рахата,—хъуыды кæны ;эеронд лæг,—Хъуамæ мабамбара, лидзыныл куы •хæца, уæд мын йæ бон цы багсæнын у, уый. Ез уымæй куы уаин, уæд ныртæккæ мæхи ра- /æлдай кæнин æмæ размæ цæуинæмæцæуин, ца- 1ынмæ исты арæмудза, уæдмæ. Фæлæ кæфтæ, абу хуыцауæн, чи сæ мары, уыцы адæмы хуы- æн зæндджын не сты, кæд бирæ цæрдæгдæр •ты æмæ сæм фылдæр уарзондзинадис, уæддæр". Заеронд лæг йæ цæрæнбонты бирæ егъау сæфтыл фембæлд. Федта, мин джиранкайæ дæр рылдæр чи æрласта, бирæ ахæм кæфтæ, йæхæ- ихзг дæр йæ заманы æрцахста дыууæ ахæм кæ- {)ы. Фæлæ йæ ахæм куыст бакæнын нырма иу- 1æгæй иикуы бахъуыд. Æмæ ныр тыгъд ден- икызы риуыл иунæгæй йæ хъысмæт фидар баиу >хæм егъау кæфимæ, æмæ уый хуызæн уынгæ ^зер нæ фæкодта æмæ йын, æгæрстæмæй, йæ кой чэер нæ фехъуыста, уымæй дæр йæ галиу къух аздæрау уыди æндзыг, цæргæсы ныхтæ куыд шкъкъæдз уой, уыйау. „Мæ къух, æвæццæгæн, скусдзæн,—ахъуыды :годта зæронд лæг.—Кæй зæгъын æй хъæуы, (^усдзæн; æппыннæйæ уымæн, цæмæй баххуыс ]^на рахиз къухæн. Цардысты æмæ уыдысты ^Ртæ æфсымæры: кæф æмæ мæ дыууæ къухы... ^нæмæнг скусдзæн. Худинаг у, æндæр ницы, Ч9ей бандзыг, уый". 67
. Кæф йæ цыд фæсабыр кодта æмæ ныр цыди; раздæр куыд уад, афтæ. ’* „Диссаг у, цымæ донæй- цæмæн рахызт,— хъуыдытæ кодта зæронд лæг.—Афтæ зæгъæн по% æмæ рахызтæрмæст уымæн, цæмæй мын равди- са, куыд диссаджы егъау у, уый. Цы загъдæ- уа, н’ыр æй зонын. Фæсмойнаг у, мæнæн мæ бон кæй нæу, цы лæг дæн, уый йын равдисыш Æвæдза уæд мын мæ æндзыг къух фенид. Уадз æмæ цы дæн, уымæймæ хуыздæр æнхъæла, æмæ уæд цы дæн, уымæй хуыздæр уыдзынæн. Мæп фæнды, кæсаг куы уаин, уый, æмæ уымæ цы ис, æппæт мæ уыдæттæ куы ^аиккой, канд сæрибар- дзинад æмæ æрхъуыды нæ, фæлæ". фæйнæджыты хуыдыл æрынцой кодта, æнцад- æнцой сбадт æмæ йæ утхарæй цы рисс мардта, уый æнæ хъуыр-хъуырæй быхста, кæсаг та раз- дæрау ленк] кодта æмæ кодта, æмæ бæлæгтз ца- дæггай бырыд тарбын доны. Хурскæсæйиаг дым- гæ расайдта къаннæг улæн. Æмбисбонмæ зæронд лæгæн йæ галиу къух бынтондæр скуыста. — Ныр дæ мады фæндиаг налбаззайдзынæ, ацы кæф,—загъта зæронд лæг æмæ бæхсныг йæ фæ- сонтыл æндæр ранмæ раивта. Хорз æнкъардта зæронд лæг йæхи, æниу æй йæ буары рисс раздæрау уынгæг кодта; æрмæст йæхæдæг йæхицæн нæ хъæр кодта, йæ рисс куы^ йын уромæн уыди, уый. 68
— Хуыцау мæ нæ уырны,—загъта зæронд лæг. Фæлæ дæс хатты радзурдзынæн „Хуыцауы куывд", иу ахæм та „Мадымайрæмы" куывд, цæ- мæй ацы кæфы æрцахсон. Расомы кæндзынæн, ’ хуыцауæн кувынмæ кæй араст уыдзынæн, ууыл, азцæгæй мæ къухы куы бафта, уæд. Сомы кæыы. Зæронд дæг райдыдта кувын.. Рæстæгæй-рæс- тæгмæ-иу ыл йæ фæллад афтæ тынг æртæфст, æмæ-иу дзы кувыны дзырдтæ æрбайрох сты. Уæд-иу архайдта, цы гæнæи ис, уымæй тагъд- дæр дзурын, цæмæй дзырдтæ сæхигъæдæй ’цы- даиккой йæ дзыхæй. „Мадымайрæмы" куывд æнцондæр дзурæн у „Хуыцауы куывдæй",—- хъуыды кодта зæронд лæг. — Хуыцауы мад, сыгъдæг уд Мариа, цин кæн, хуыцауæй арфæгонд фæдæ. Ды сылгойма- гæй дæр сдгъдæг дæ, æмæ-нын нæ удтæ фер- вæзынæн цы саби ралæвар кодтай, уый дæр сыгъдæг у. Аминь.—Стæй ма йæ куывдмæ баф- тыдта:—Сыгъдæг уд Мадымайрæм, ахæм арфæ мын ракæн, цæмæй ацы кæф амæла. Æцæг дис- саджы хорз кæф у, фæлæ уæддæр амæлæд. Куь^ скуывта æмæ йæхи бирæ дзæбæхдæр куы банкъардта, æниу йæ рисс æппындæр къаддæр нæ, фæлæ, чи зоны, тынгдæр фæци, уæд йæхи ^руагъта бæлæгъы фæйнæг астæрдыл æмæ йæ галиу къухы æнгуылдзтæ хæдызмæлд кæнын Райдыдта. Хур сыгъта, дымгæ цадæггай тых- Джындæр кодта. 69
— Æвæццæгæн та къаннæг æнгуырыл кæф! сайæн цъенгуыр бакæнын хъæуы,—загъта зæ* ронд лæг. | — Кæф ахсæв дæр куы нæ рахиза донæй, узед та мæ исты ахæрык бахъæудзæн, стæй авджы дæр хæрз гыццыл йедтæмæ дон нал баззад. Ам макрель йедтæмæ æндæр истьг кæсаг æрцахсæн уа, уый æнхъæл нæ дæн. Фæлæ макрель дæц уайтагъд куы ахæрай, уæд афтæ æвзæр нæу] Хорз уаид, ахсæв мæм бæлæгъмæ тæхгæ кæсаг куы ’рбахауид, уæд. Фæлæ мæм рухс нæй, цæ* мæй йæ æрбасайон. Тæхгæ кæсаг хомæй æмби- сонды хорз хæринаг у, йæ хуылфыдзаума дæр ын нæ хъæуы калын. Мæн та ныр мæ тых, мæ хъару фæсауæрц хъæуы. КæцæП зыдтон, ме скæнæг хуыцау, афтæ стыр кæф у, * уый!.. Фæ- лæ йыл уæддæр æз фæтых уыдзынæн,—загъта зæронд лæг.—Кæд афтæ стыр æмæ афтæ хорз у, уæддæр. „Æниу уый раст нæу,—йæ ныхасмæ ма баф- тыдта йæхинымæр,—фæлæ йын æз сбæлвырд кæндзынæн, лæгæн йæ боя бакæнын æмæ ба- быхсын цы у, уый". . — Куы дзырдтон лæппуйæн, зæгъын, æз хуы- мæтæджы зæроид лæг нæ дæн,—загъта йæхины- мæр—Ныр афон æрцыд, цæмæй мæ дзырд сбæл-| вырд кæнон. 1 Уыцы хъуыддаг зæронд лæг. ныры онг дæр 70
мин хатты сбæлвырд кодта. Фæлæ цы? Хъуамæ та йæ сбæлвырд кæна ногæй. Æлы хатт дæр хыгъд райдайы ногæй. Уымæ гæсгæ-иу исты куы арæзта, уæд-иу никуы æрымысыд ивгъуыд хабар. „Фæнды мæ, куы бафынæй уаид, уый, уæд æз дæр бафынæйуаин æмæ фыны фенин дом- бæйттæ,—ахъуыды кодта зæронд лæг.—Домбæйт- тæ цæмæн—уымæй- хуыздæр ницæмæ уал æн« хъæлмæ кæсын?" — Хъуыды кæнын нæ хъæуы, зæронд лæг,— загъта йæхæдæг йæхицæн.—-Дæ фæллад суадз цадæг, æрынцой кæн фæйнæджытыл æмæ мацæ- уыл хъуыды кæн. Уый ныртæккæ архайы. Ды та уал, цы гæнæн ис, уымæй нырма къаддæр змæл. Хуры йæ был ныддарынмæ бирæ нал хъуыд, фæлæ бæлæгъ уæддæр цадæггай ленк кодта æмæ кодта æнæрынцайгæйæ. Хурыскæсæйнаг дымгæ йын æххуыс кодта, æмæ зæронд лæг узæгау цыд ныллæг улæнтыл, æнцондæр ын уыд бæхсныджы угардæй йæ фæсонты рисс Уромын. Иу хатт фæсæмбисбон бæхсныг уæлæмæ цæ- Уын байдыдта. Фæлæ уый уыди, кæф иу чысыл Уæлæнгайдæр кæй райдыдта ленк кæнын, æрмæст Уый тыххæй. Хур зæронд лæгæн судзын байдыд- та йæ фæсонтæ, йæ галиу уæхск æмæ йæ галиу 71
цоиг. Уымæй зæронд лæг бамбæрста, кæф цæгат$ хурскæсæны’рдæм кæй разылд, уый. Ныр иупгА кæфы иу уынд фæкодта, уæд пæ бон уыди æмаз щ цæстыл ауадаид, йæ риуы фæлурсбын æрвгъуый ленкгæнæнтæ, цæргæсы базьтртау, уæрæх айтыпдз! гæиæ æмæ йæ домбай къæдзилæй талынг гæрд| гæйæ, куыд лепк кæпы, уый. „Цымæ ахæм арфы хорз уыны?—ахъуыды кодта зæронд лæг. Стыо цæстытæ йыи ис, уымæй бæхæн бирæ къаддæД цæстытæ ис, фæлæ уый дæр æхсæв уыыы. Кæд«| дæр мæхæдæг дæр хорз уыдтон талынджы. Кæй| •чæгъыи æп хъæуы, бынтон талынджы иæ, фæлаз) уæддæр мæ цæстытæ гæдыйы цæстытæп хъау- джыдæр пæ уыдыеты". Хур кæй каст æмæ йæ æнгуылдзтæй æппып- æдзух кæн архайдта, уымæ гæсгæ зæронд лæ- гæп бæстон скуыста йæ галиу цонг æмæ кæфы уæз цадæггай ивыи райдыдта уымæ, цæмæй йæ фæсонты хæцъæфты рисс иу чысыл уæцдæр фæрогдæр уыдаид. — Кæд нырма нæ бафæлладтæ,—хъæрæй загт^- та зæронд лæг,—уæд ды æцæгдæр цыдæр дис- саджы кæф дæ. Иæхæдæг ныр тыыг кæй бафæллад, уый хатыд. Зыдта, æхсæв рæхджы кæй ралæудзæи, уый яемæ уымæ гæсгæ архайдта, цæмæн хъуыды кæна исты фæрссаг хъуыддагыл. Хъуыды код- та номдзыд бейсболы лигатыл, нымадта сæ 72
Огап Ы^аз-тыл.^Хъуыды кодта иууылдæр, зæгъ- гæ, абон Ныо-Йоркы „Янкитæ" хъуамæ хъазы- даиккой Детройты „Тигртимæ". „Ныр дыккаг бок ницы зонын, Ле§;оз цы баци, уымæн,--ахъуыды кодта зæронд лæг.—Фæлæ æз хъуамæ æхсарджын уон, науæд цытджын Ди Ма- джиойы аккаг нæ уыдзынæн. Уый цыдæриддæр кæиы, уый иууылдæр кæны тынг хорз, æгæр- стæмæй, йæ зæвæты стæджы мазолæй куыхъæр- за, уæддæр. Цы у стæджы мазол? Ш езрие1о с1е ьиеззо махыл, кæсагахсджытыл, нæ вæййы. Ауу, лæджы зæвæт хæцаг уасæджы сиучы цæфæй куыд риссы, уый дæр афтæ риссы? Æвæццæгæн, язз нæ бауромин нæдæр ахæм цæф, нæдæр мæ иу цæсты кæнæ мæ дыууæ цæсты бакуырм æмæ мæ бон нæ бауид дарддæр тох кæнын, хæцаг уас- джытæ куыд кæнынц, афтæ. Хуыцау йæ зонæг, æмбисонды сырдтæ æмæ мæргъты цур лæг • цы у, уымæн. Мæи фæнды, ныртæккæ уым, деиджы- зы æрфæны цы сырд ленк кæны, уымæй куы фестин". — Бæгуыдæр, æрмæст нæм кæд акулæтæ не ’рбабырсой, уæд,—загъта зæрондлæг хъæрæй.— Фæлæ акулæтæ куы ’рбабырсой, уæд, хуыцау, <5аххуыс кшн уымæн дæр æмæ мæнæн дæр! „Ауу, ды афтæ æнхъæл дæ, æмæ цытджын Ди Маджио дæр афтæ удуæлдай тох кодтаид кæфи- мæ?—бафарста йæхи.—Гъай-гъай, мæн уырны, 73
уый дæр раст афтæ бакодтаид, чи зоны, ноджн хуыздæр, амæн æмæ уый мæнæй кæстæр æмæ тыхджындæр у. Стæйдæр йæ фыд кæсагахсæг уыди... Цымæ йын стæджы мазол тынг риссы?* — Нæ зонын,—загъта хъæрæй.—Никуы мыл уыди стæджы мазол. Хур куы аныгуылд, уæд, цæмæй хъæлдзæг- дæр уыдаид, уый тыххæй зæронд лæг æрымы- сыд, иу хатт Касабланкæйы хæрæндоны иу Сьен- фуэгосы горæттаг домбай негримæ, порты тæк- кæ тыхджындæр лæджимæ, йæ тых куыд æвзæрс- та, уый. Æнæхъæн æхсæв æмæ боы фæбадтысты ныхæй-ныхмæ: стъолыл мелæй кæм æрхахх код- той, уым сæ рæмбынкъæдзтæ ныссагътой, сæ армы тъæпæнтæ æттæг-мидæг ауадысты æмæ ар- хайдтой кæрæдзийы къухтæ фæтасын кæныныл* Алчи дæр сæ архайдта иннæйы къух стъолмæ æртасын кæныныл. Адæм хæснаггæнæг систы, фæтæгены лампæтæй дыдзырухс уатмæ чи ми- дæмæ цыд, чи æттæмæ æмæ тыннывæндæгау код- той, фæлæ уый æдзынæг каст негрæн йæ къух- мæ, йæ рæмбынкъæдзмæ æмæ йæ цæсгоммæ. Аст сахаты куы рауад, уæд тæрхоны лæгтæ алы цыппар сахаты фæстæ кæрæдзи ивын байдыдтой, цæмæй афынæй кодтаиккой. Дыууæ богалæн дæр сæ къухы ныхты бынтæй туг æнхъызти, фæлæ уæддæр кастысты кæрæдзийы цæстытæм, кæрæ- дзийы къухтæм æмæ рæмбынкъæдзтæм. Хæс- 74
наггæнджытæ æттæмæ-мидæмæ кодтой; бадтыстьг къулрæб&н бæрзонд бандæттыл æмæ æнхъæлмæ кастысты, ерыс куыд фæуыдзæн, уымæ. Хъæдын къултæ сæрст уыдысты æрвгъуыз ирд ахорæ- нæй æмæ сыл лампæты аууæттæ зындысты. Нег- ры аууон уыдй тынг егъау æмæ-иу лампæты дымгæ куы банкъуыста, уæд-иу базмæлыд. Æхсæв-бонмæ-иу куы сæ иу фæцæйтыхджын- дæр кодта, куы—се ’ннæ. Негрæн дардтой ром æмæ-иу ын сигарет ссыгътой. Ром-иу куы аныз- та, уæд-иу тыхархайд кодта æмæ йын иу хатт бантыст зæронд лæджы къух æртæ дюймы бæрц æртасын кæнын—уæд зæронд нæма уыд æмæ йæ. хуыдтой Сантьяго Е1 Оашреоп.* Фæлæ зæронд лæг фæстæмæ сраст кодта йæ къух. Уый фæстæ гуырысхо нал кодта, негрыл кæй фæтых уыдзæн, ууыл, уый та уыди хорз æмæ тыхджын лæппу. Бонырдæм куы фæци æмæ адæм домын куы райдыдтой, цæмæй тæрхоны лæг ерысгæнджыты хæрæгсастыл банымадтаид æмæ негр æрмæст йæ уæхсчытæ куы банкъуыс- та, уæд зæронд лæг æваст æрæмбырд кодта йæ тыхтæ æмæ негры къух тасын кæнын райдыдта ныллæгæй-ныллæгдæр, цалынмæ йæ бынтондæр- стъолыл æрывæрдта, уæдмæ. Ерыс райдыдтой хуыцаубон сæумæрайсом æмæ фæци къуырисæры сæумæрайсом. Хæснаг- гæнджытæй бирæтæ домдтой ерысгæнджыты хæ- * Чемпион (испайнагау). 75-
рæгсастыл банымайын, амæн æмæ сын порты •куыстмæ цæуынафон уыди—уым Гаванæйы дур^ •зевзалыГш кампанийæн хъуамæ æвгæдтаиккой дурæвзалы, кæнæ сæкæры голдлштæ. Уый куы нæ уыдаид, уæд- се ’лпæты дæр фæндыд ерыс кæронмæ ахæццæ кæиын. Фæлæ "зæронд лæг фæтыхджындæр æмæ тыхджындæр та фæци, æв- гæнæг кусджытæн куыстмæ ацæуыны афон куы уыд, уымæн йæ хæд размæ. Уый фæстæ дæр ма йæ бирæ хуыдтой Чемпи- •он, негрæн та уалдзæдясы радта ногæй йæ тых бавзарыны фадат, Фæлæ быцæугæнджытæ хæсна- гæн цы æхца æрывæрдтой, уыдои уый бæрц би- рæ нæ уыдысты æмæ - йыл дыккаг хатт фæтых æнцондæрæй, амæн æмæ Сьен-фуэгосаг негрæн йæ кыфс асаст фыццаг матчы дæр. Уый фæстæ ма Сантьяго уыди ноджы дæр ’цалдæр ерысьь фæлæ стæй уайтагъд ныууагъта уыцы хъуыд- .даг. Бамбæрста, куы йæ бафæнда, уæд фæтых уыдзæн кæуылдæриддæр, æмæ загъта, зæгъгæ, -ахæм ерыстæ зиан сты йæ рахиз къухæн, уый •та йæ кæсаг ахсынæн хъæуы, Цалдæр хатты -фæлвæрдта ерыс кæнын йæ галиу къухæй. Фæ- лæ йыл галиу къух кæддæриддæр гадзрахатæй *цыд, нæ йын уисæн кодта, æмæ йыл не ’ууæн- дыд. „Ныр æй хур дзæбæх басудздзæн,— ахъуыды 76
кодта зæронд лæг.— Нал бауæнддзæн мæ фыддæ- радæн æндзыг кæнын, кæд ма ахсæв тынг уазал уа, уымæннæ зонын. Цымæ мæм.ахсæв цы амоид кæсы?" Йæ сæрты атахт хæдтæхæг, Майамимæ тахт,. æмæ зæронд лæг федта, хæдтæхæджы аууонæй тæхгæ кæсæгтæ куыд фæтарстысты æмæ уæл- дæфмæ куыд æсхъиудтытæ кодтой, уый. — Иугæр ам афтæ арæх у тæхгæ кæсаг, уæд дзы хъуамæ искуы æввахс макрель кæсаг дæр уа,—загъта зæронд лæг æмæ тынгдæр сынцад йæ фæсоитæй кæфы босыл, афæлвæрдта, кæд- дæра кæфæн иу чысыл уæддæр æввахсдæр æр- баласæн нæй. Фæлæ уайтагъд бамбæрста,—уый гæнæн нæй,—амæн æмæ та бæхсныг фæнцыры хъисау ныддыз-дыз кодта, доны æртæхтæ йыл агæип-гæпп кодтой, тас ын уыди аскъуыйынæй. Бæлæгъ цадæггай ленк кодта размæ, зæронд лæг йæ цæст дардта хæдтæхæгмæ, цалынмæ фæау- уон, уæдмæ. „Æвæццæгæн, хæдтæхæгæй кæсгæйæ алцы дæр диссаг у,—ахъуыды кодта зæронд лæг.~- Цымæ ахæм бæрзопдæй денджыз цы хуызаш у? Афтæ бæрзоыд куы нæ тæхиккой, уæд мын уыр- дыгæй иттæг хорз фениЫой мæ кæф. Тæхуды, дыууæсæдæ сардзины бæрзæнды цадæггай куы тæхии, цæмæй уæлейæ фенон мæ кæф. Уарт- Джьщ хæфсытæ ахсынмæ куы цыдыстæм, уæд- 77
иу наухъæды цъупмæ сбырыдтæн æмæ-иу, æгæ- :рыетæмæй, уырдыгæй дæр бирæ цыдæртæ федтон. Макрель уырдыгæй цъæхдæр зыны, уырдыгæй йыл равзарæн ис.фиолетгъуыз тæлмытæ æмæ тæп- пытæ, æмæ фенæн ис, уыцы æмдзыгуырæй куыд ленк кæнынц, уый. Цымæ тагъддзу кæфтæн, деи- джызы тар арфы чи ленк кæны, уыдонæн се-’ппæ- тæн дæр фиолетгъуыз фæсонтæ, хаттæй-хатт та фиолетон тæлмытæ кæнæ тæппытæ цæмæн ис? Макрель æрмæст зынгæ афтæ кæны, цыма цъæх у, æцæгæй сыгъзæрингъуыз у. Фæлæ тынг куы сыстонг вæййы æмæ хæринаг куы агуры, уæд йæ фæрстыл разыны фиолетгъуыз тæлмытæ, марлин кæсагæн куыд у, афтæ. Цымæ фырмæс- тæй афтæ кæны? Æви, чи зоньт, тагъддæр кæй фæленк кæны, уымæн афтæ у?" Цалынмæ æрталынг, уымæй чысыл раздæр, саргассаг донхалты егъау сакъадахы цурты куы фæцæйленк кодтой æмæ-иу донхалтæ сабыр улæнтыл уæлæмæ куы ссыдысты æмæ узæгау куы кодтой, цыма океан бур хъæццулы бын кæ- мæндæр хъæбыстæ кодта, уыйау, уæд гыццыл æнгуыр æрцахста макрель кæсаг. Зæронд лæг яей ауыдта, хуры тынтæм сыгъзæрин тæмæнтæ калгæ æмæ, тæссæй йæ астæуыл æркъæлæт уæвгæй, йæ ленкгæнæн базыртæй æмдзæгъд кæн- гæйæ, уæлдæфмæ куы сгæпп кодта, уæд. Кæсаг ноджыдæр гæппытæ кодта æмæ кодта дæсны ак- 78
робатау. Зæронд лæг аивæй рацыд бæлæгъы къæдзшшæ æмæ æрбадт. Ставд бæхсныгыл йæ^ рахиз къухæй хæцыд, галиу къухæй раласта макрель кæсаджы, йæ бæгъæввад галиу къахæй* та, денджызæй цы гыццыл æнгуыры бос ралас- та, ууыл ныллæууыд. Макрель бæлæгъы тæккæ цур куы уыд æмæ, удуæлдай тох кæнгæйæ, йæ- хи дыууæрдæм куы раппар-баппар кодта, уæд зæронд лæг бæлæгъы чъилæй æргуыбыр кодта æмæ. бæлæгъмæ сласта сыгъзæринау цæхæркал- гæ фиолетгъуыз тæлмытæ кæсаг. Макрель адæр- гæй йæ дзыхы нылхъывта æнгуыр, йæ даргъ тъæпæн буар, йæ сæр æмæ йæ къæдзил сæхи хостой бæлæгъы астæрдыл, цалынмæ йын зæронд лæг йæ сыгъзæрин тæмæнкалгæ сæр фæцæф кодта, уæдмæ. Фæлæ уæд базыр-зыр кодта æмæ ныссабыр. Зæронд лæг кæсаг рафтыдта æнгуырæй, бакод- та та йыл сардин æмæ та йæ бæлæгъы чъилæй аппæрста. Стæй сындæггай фæстæмæ æрбаздæхт бæлæгъы фындзмæ. Йæ галиу къух доиы ан- хъæвзта æмæ йæ йæ хæлафыл æрсæрфта, уæз- зау бæхсныг рахиз уæхскæй раивта галиумæ æмæ йæ рахиз къух дæр анхъæвзта, хур океаны куыд ныххызт æмæ йæ егъау бæхсныг доны цас æмуырдыг цæуы, уымæ йæ хъус даргæйæ. — Раздæр куыд уыд, иууылдæр афтæ,—загъта зæронд лæг. 79
Фæлæ йæ къух доны куы ауагъта, уæд- бафип^ пайдта, бæлæгъ бирæ .сындæгдæр цæуын кæ$ байдыдта, уый. ’ — Дыууæ фиййаджы иумæ бабæтдзынæн æмф сæ бæлæгъы къæдзилыл цæхгæрмæ ныффидар кæндзынæн, цæмæй ахсæв фæстæмæ хæцой бæ- лæгъыл,—загъта зæронд лæг.—Ацы кæфмæ æыæ- хъæн æхсæвы фаг дæр ис тых. Гъемæ мæнмæ дæр ис. „Æвæццæгæн, хуыздæр уыдзæн, макрель фæс- тæдæр куы асыгъдæг кæыоы, уæд,—ахъуыды кодта йæхинымæр,—цæмæй йæ тугиууыл ма фæ- цæуа. Фæстæдæр æй асыгъдæг кæндзынæн æмæ’ фиййæгтæ дæр уæд бабæтдзынæн, цæмæй фæс-. тæмæ хæцой бæлæгъыл. Хуыздæр уыдзæн, ныр-< ма кæфы куы нæ знæт кæнон, уæд, уæлдайдæр хуриыгуылын афон. Хурн’ыгуылæны тынг знæт кæны цыфæнды кæсаг дæр", Йæ къух дымгæмæ ссур кодта, стæй бæхскы- гыл ныххæцыд æмæ кæфæн йæхи æввахс бала- сæгау кæнын кодта фæйнæгастæрд бынатмæ, æмæ афтæмæй бæхсныджы уæз йæхицæй бæ- лæгъмæ раивта. „Ныр æз цыдæртæ базыдтон,—ахъуыды кодта зæронд лæг,—Нырма йыл мæ бон цæуы. Стæй æнгуыр куы аныхъхъуырдта, уæдæй нырмæ ницы- ма бахордта, æмæ уый дæр хъуыдыйаг у, амæн æмæ уый хуызæн стыр кæфы бирæ хæринаг хъæ- 80
уы. Æз, бахордтон æнæхъæн тунец. Райсом та бахæрдзынæн макрель.—Зæронд лæг макрелы хуыдта йогайо. „Хъуамæ дзы иу кæрдих- ахæрон, куы йæ ссыгъдæг кæнон, уæд. Макрелы фыд тунецы фы- дæй зындæр хæрæн у. Фæлæ дунейы æпцон ни- цы ис". — Куыдтæ дæ, мæ хæлар , кæф? — бафарста хъæрæй.—Æз иттæг дзæбæх хатын мæхи. Мæ къух тынг нал риссы, хæринаг мын ис æнæ- хъæн æхсæвы фаг, æмæ ноджы боны фаг дæр. Хорз, бæлæгъы лас, мæ хæлар кæф. Зæронд лæг куыд дзырдта, æппындæр афтæ хорз нæ хатыд йæхи, амæн æмæ йæ фæсонтæ бæхсныгæй цы рисс æвзæрстой, уый рисс нал уыди, фæлæ æппæт буары хъизæмар æмæ уы- мæй тыхсти. „Æз уымæй фылдæртæ федтон,— йæхицæы ныфсытæ æвæрдта.—Мæ къух хæрз чысыл хъæдгомы йедтæмæ нæу, иннæ къух та мын æндзыг нал кæны. Мæ къæхтæ дзæбæх сты. Хæлцæй дæр æз бйрæ рæвдздæр дæн, кæфимæ абаргæйæ". Ваталынг. Сентябры æвиппайды аталынг вæй- йы, куыддæр хур аныгуылы, афтæ. Зæроыд лæг йæхи æруагъта, цæхх кæй бахордта, уыцы фæй- нæджытыл æмæ йæ тых, Ёæ бонæй архайдта йæ фæллад суадзыныл. Арвыл фæзынд фыццаг °-тъалытæ. Зæронд лæг нæ зыдта Ригель, зæгъ- 6* 81
гæ, етъалыйы ном, фæлæ йæ куы ауыдта, уæд бамбæрста, ^рæхдлсы шшæ стъалытæ дæр кæй’ фæзындзысты, уый, æмæ та уæд уьщы дард хæлæрттæ йемæ уыдзысты. — Кæф дæр мæ хæлар у, — загъта зæронд лæг.— Никуы федтон ахæм кæф, æмæ нæдæр-< хъусгæ фæкодтон, ахæм кæфтæ вæййы, уый, Фæлæ йæ хъуамæ амарон. Куыд хорз у, стъа- ’ лытæ марын нæ кæй нæ хъæуы, уый! = „Дæхæдæг ма ахъуыды кæн, лæг æрвыл бон хъавы мæй амарынмæ! Æмæ дзы мæй лидзы. Фæлæ лæджы æрвыл бон хуры фæдыл зилын куы хъæуид, цæмæй йæ амара, уæд та? Нæ, цыфæнды зæгъ, фæлæ мах уæддæр æнамонд не стæм",—ахъуыды кодта зæронд лæг. Стæй йæм тæригъæд æркаст стыр кæф, уы- мæй дæр æххормаг, фæлæ йын тæригьæд кæй кодта, уый йæ æппындæр нæ иргъæвта, марын- мæ йæ кæй хъавыд, уыцы хъуыдыйæ. Цал æмæ цал лæджы бафсаддзæы! Фæлæ цымæ адæм уый аккаг стъг, цæмæй йæ фыдæй сæхи бафсадой? Кæй зæгъын æй хъæуы, не сты. Дунейы уый фыдæй йæхи бафсадыны аккаг ницц ис: акæ- сут-ма, уæ хорзæхæй, куыд диссаджы хæрзæгъ- дау æмæ стыр- уæздан у! „Æз бирæ не ’мбарыи,—ахъуыды кодта зæронд лæг. —Фæлæ куыд хорз у, хур, мæй æмæ нæ етъалытæ марын кæй кæ хъæуы, уый! Денджы- 82
зæй хæринаг кæй домæм æмæ не ’фсымæрты кæй марæм, уый дæр æгъгъæд у., Ныр мын ахъуыды æмбæлы донвыййæгтæй бæлæгъ уромæн срæвдз кæныныл. Иуæй хорз у, пннæмæй нæ. Уый бæрц бæхсныг ыл бахардз уыдзæи, æмæ кæфы куы бафæнда, уæд гæнæн ис, æмæ мæ къухæй аирвæза-—донвыййæгтæй уромæн куы саразонбæлæгъæн, уæд фердæхынмæ рæвдз нал уыдзæн. Бæлæгъ фердæхынмæ рæвдз кæй у, уымæй дæргъвæтин кæнынц нæ хъизæ- мартæ—æз æмæ кæфы хъизæмартæ, фæлæ мæ фервæзыны хос дæр уый мидæг ис. Ацы кæфы куы бафæнда, уæд йæ бон у, æмæ ноджы цырд- дæр ленк кæна. Цыфæнды уа, уæддæр макрелæн йæ хуылфыдзаумæттæ асыгъдæг хъæуы, цалыи- мæ нæ сысмаг, уæдмæ, æмæ дзы гыгщыл ахæ.- рын хъæуы, цæмæй мæм тых æрцæуа. Вныр ма иу сахаты бæрц аулæфдзынæн, æмæ кæф ницы фыдвæнд кæны, уый куы фенон, уæд бæлæгъы фæстаг кæронмæ аивдзынæн, уым цы хъæуы, уый сараздзынæн æмæ донвыййæгты хабар ахицæн кæндзынæн. Уæдмæ бакæсдзынæн, кæддæра цы ми кæнид. Донвыййæгтæй уромæи саразын—уый хорз фæнд у, фæлæ ныртæккæ хъæуы æнæ къуыхцы архайд. Кæфæн нырма йæ тых йæхимæ ис, стæйдæр куыд бафиппайдтон, афтæмæй æнгуыр ныффидар йæ дзыхы тæккæ 83
фисыны, йæ дзых та æмырæхгæд дары. Æнгуы- рæй цы хъизæмартæ æвзары, уыдон афтæ æвир- хъау нё сты. Тынгдæр хъизæмар кæны æххор- магæй æмæ кæй не ’мбары, уыцы тæссагдзина- ды æнкъарæнæй. Уæдæ дæ фæллад суадз, зæ- ронд лæг. Уадз æмæ хъиамæт кæна кæф, цалын- мæ дæ рад ралæууа, уæдмæ". Куыд æм фæкаст, афтæмæй дыууæ сахатæй къаддæр нæ баулæфыд. Ныр мæй æрæгмæ скæ- сьт, æмæ йæ бон нæ уыд рæстæг рафæлгъауын. Æцæг, улæфгæ кодта æрмæст афтæ, фæччы- гъæдæн. Раздæрау йæ фæсонтыл æнкъардта кæфы уæз, фæлæ йæ галиу къухæй бæлæгъы фындзы чъилыл æнцой кæнгæйæ архайдта, цæ- мæй кæфы уæз иууыл тынгæй-тынгдæр бæлæ- гъæн йæхиуыл æруагътаид. „Вæхсныг бæлæгъыл бабæттын мæ бон куы уаид, уæд куыд æнцон уаид,—ахъуыды кодта зæронд лæг. Фæлæ хæрз цадæг дæр куы атъæпп кæна, уæд бæхсныг аскъуыйдзæни. Æз хъуама æппынæдзух мæ буарæй лæмæгъ кæнон бæхс- ныджы æлхъывд æмæ алы уысм дæр цæттæ он мæ дыууæ къухæй бæхсныг ауадзынмæ". — Фæлæ нырма куы нæ бафынæй кодтай, зæронд лæг, — загъта хъæрæй.—Рацыди боны ’рдæг æмæ æнæхъæн æхсæв, стæй ноджыдæр иу бон, фæлæ ды уæддæр нæма бафынæй код- таи æмæ нæ. Æрхъуыды кæн, иу чысыл уæд- 84
дæр цы амалæй афынæй кæнай, уый, цалынмæ кæф сабыр у æмæ нæ фыдуаг кæны, уæдмæ. Куы нæ бафынæй кæнай, уæд дæ сæр разил- дзæн. „Ныртæккæ мæ сæр ирд у, —ахъуыды кодта зæронд лæг,—Æгæр ирд дæр ма у. Мæ хотæ, стъалытæ куыд ирд сты, афтæ. Фæлæ мæ уæд- дæр афынæй кæнын хъæуы. Стъалытæ дæр фы- нæй кæнынц, мæй дæр фынæй кæны, хур дæр фынæй кæны, æгæрыстæмæй, хаттæй-хатт фы- нæй кæны океан дæр, дон куы нæ фæцæуы æмæ бæстæ æнцад-æнцой куы вæййы, уыцы бонты. Ма дæ ферох уæд афынæй кæнын,~-фæдзæхста йæхи.—Дæхи бафынæй кæнын кæн; æнгуыры бос цæмæй ныууадзай, уымæн æрымыс исты хуымæтæг æмæ зæрдæдарæн амал. Ныр уал ацу бæлæгъы къæдзилмæ æмæ ссыгъдæг кæн мак- рель. Фæлæ донвыййæгтæй бæлæгъуромæн скæ- нын тасы хъуыддаг у, куы бафынæй уай, уæд. „Æниукуы нæ бафынæй он, уæддæр бафæраз- дзынæн,—загъта йæхицæн.—-0, дæ бон у, фæлæ уый дæр æгæр тæссаг у". Йæ цыппæртыл хилын райдыдта , бæлæгъы къæдзилмæ, кæфы куыннæ сызнæт кæна, ууыл архайгæйæ. „Чи зоны уый дæр фынæй кæны,— ахъуыды кодта йæхинымæр.—Фæлæ мæн нæ фæнды, æмæ уый йæ фæллад уадза. Уый цалын- мæ амæла, уæдмæ хъуамæ ласа бæлæгъ". 85
Бæлæгъы къæдзилмæ куы бахæццæ, уЩ инчæрдæм разылд æмæ кæфы уæз иууылдæр йæ* галиу къухмæ раивта, рахиз къухæй та кар^ сласта йæ кæрддзæмæй. Стъалытæ хорз рухо^ кодтой, æмæ макрелы дзæбæх уыдта цæст. Зæ-| ронд лæг ын кард йæ сæры ныссагъта æмæ йæ раласта голладжы бынæй. Йæ къахæй хæцыд кæсагыл æмæ йын уайтагъд йæ гуыбын акъæртт1 кодта йæ къæдзилæй суанг йæ бинаг æфсæры кæронмæ. Отæй йæ кард нывæрдта, йæ рахиз къухæй акалдта макрелы хуылфыдзаума æмæ йын ратыдта йæ хъусаутæ. Йæ ахсæн уыд уæззау æмæ лæгъз; акъæртт æй кодта æмæ дзы разынд дыууæ тæхгæ кæсаджы. Нырма ног æмæ хъæддых уыдысты æмæ’ сæ фæрсæй-фæрстæм æрывæрдта бæлæгъы бын, макрелы хуылфыдзау- ма та денджызмæ аппæрста. Доны куы аны- гъуылдысты, уæд сæ фæстæ баззад æрттиваг фæд. Отъалыты фæлурс æрттывдмæ макрель зынди цъыфæйдзаг урсцыдæры хуызæн. Зæронд лæг йæ къахæй хæцыд кæсаджы сæрыл æмæ йын иу æрдыгæй йæ царм бастыгъта. Стæй йæ иннæрдæм æрзылдта, бастыгъта йын йе’ннæ фарс дæр æмæ йын йæ фыд ралыг кодта йæ сæрæй йæ къæдзилмæ. Макрелы стæгдар аппæрста денджызмæ æмæ йæ фæдыл агсаст, кæддæра доны зиллæгтæ нæй, фæлæ дзы цадæггай дæлæмæ цæугæ стæгдары 86
æрттиваг фæды йедтæмæ ницы зынди. Уæд фæстæмæ фæзылд, дыууæ тæхгæкæсаджы æры- вæрдта макрелы фыдызгьæлы кæрдихты астæу, йæ кард йæ кæрддзæмы нывæрдта æмæ фæстæ- мæ арæхстгай æрбаздæхт бæлæгъы фындзмæ. Йæ астæу ын æркъæдз кодта кæфы босы уæз, кæсаг хаста йæ рахиз къухы. Бæлæгъы фындзмæ куы ’рбаздæхт, уæд кæса- джы фыдызгъæл байтыдта фæйнæджытыл æмæ сын сæ фарсмæ æрывæрдта тæхгæ кæсæгты. Уый фæстæ кæфы бос базылдта, йæ астæуæй ма кæм нæ рысти, ахæм ранмæ æмæ та кæфы уæз ногæй æруагъта йæ галиу цонгыл, бæлæ- гъы чъилыл дæр ууыл анцой кодта. Бæлæгъы чъилæй агуыбыр кодта æмæ тæхгæ кæсаджы денджызы ахсадта, уый æмрæстæджы дон куыд тагъд цæуы, уый дæр бафиппайгæйæ. Йæ къух æрттывта, макрелы царм дзы кæй стыгъта, уымæ гæсгæ æмæ йьтл дон куыд калд, уымæ касти. Дон иыр калд сындæгдæр, æмæ, йæ къу- хы тигъ бæлæгъы чъилыл ахафгæйæ, зæронд лæг федта, бæлæгъы къæдзилмæ фосфоры мур- тæ сындæггай куыд ленк кæнынц, уый. — Кæф кæнæ фæллайгæ бакодта, кæнæ йæ фæллад уадзы,—загъта зæронд лæг.-~Тагъддæр фæуын хъæуы хæринаджимæ архайын æмæ чысыл афынæй он. Æхсæв уазалæй, уазалдæр кæй кодта, уый 87
хатыд æмæ фыдызгъæлæй иу хайы æрдæг æмар иу тæхгæ кæсаг бахордта—рагацау ын стъалы- ты рухсмæ йæ хуылфыдзаума акалдта. — Цы ма уыдзæн макрелæй адджындæр, фы- хæй йæ куы хæрай, уæд!—загъта зæронд лæг.—* Фæлæ хомæй хъылма! Никуыуал рацæудзынæн- денджызмæ æнæ цæхх, æнæ лимонæй. „Мæ сæр мæ уæлæ куы уаид,—хъуыды кодта зæронд лæг,—уæд абондæргъы бæлæгъы фындз- мæ дон калдтаин, сур куыд кодтаид, афтæ, æмæ мын изæры цæхх уыдаид. 0, æвæдза, хур куы фæцæйныгуылд, макрель уæд æрцахстон. Уæд- дæр бирæ цæуылдæрты нæ ахъуыды кодтон рагацау. Фæлæ æнæхъæн кæрдих баууылдтон æмæ мæ зæрдæ нæ хæццæ кæны". Арв хурскæсæны æрдыгæй сасæста, æмæ зон- гæ стъалытæ радгай пыгъуылдысты. Афтæ зын- ди, цыма мигъты егъау коммæ бахызт. Дымгæ ныссабыр. „Æртæ кæнæ цыппар боны фæстæ схъыздзæн,— загъта зæронд лæг.—Фæлæ нырма нæ — нæдæр абон, нæдæр райсом. Афынæй кæн, зæронд лæг, цалынмæ кæф сабыр у, уæдмæ". Кæфы босыл ныххæцыд йæ рахиз къухæй æмæ къухыл æрынцад йæ агъдæй, бæлæгъы чъилыл* йæ æппæт буары уæзæй æнцайгæйæ. Стæй бæхс-^ ныг чысыл фæдæлдæр кодта йæ фæсонтыл æмæ{ й’ыл ныххæцыд йæ галиу къухæй. 88
„Рахиз къух хæцдзæн бæхсныгнл, цалынмæ йæ æнгуылдзтæ райхæлой, уæдмæ. Кæд фынæйæ райхæлой, уæд мæ райхъал кæндзæн мæ галиу къух, бæхсныг денджызмæ куыд згъоры, уый ба- фиппайгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæ уыдзæн рахиз къухæн. Фæлæ фыдæбæттыл ах- уыр у. Æз сахаты ’рдæг кæнæ ссæдз мынуты куы афынæй кæнон, уæддæр хорз уыдзæн". Æрынцой кодта бæлæгъы чъилыл, кæфы уæз æруагъта йæ рахиз къухыл æмæ бафынæй. Фыны домбайтæ нæ федта, фæлæ денджызаг хуыты егъау æрдонг, æнæхъæн аст æви дæс миляйы адаргъ уыцы æрдонг, æмæ сын джир- мæцæуын афон кæй уыд, уымæ гæсгæ-иу бæр- зонд сгæпп кодтой уæлдæфмæ æмæ та-иу фæс- тæмæ аныгъулдысты, уæлæмæ цы доны уæрмæй гæпп кодтой, уыцы уæрмы. Стæй йæ фыны федта, цыма сæ хъæуы йæ сынтæджы хуыссы æмæ йæ къæсмæ дымы цæ- гаттаг дымгæ æмæ йын тынг ихæн уымæн у, йæ рахиз къух бандзыг, амæн æмæ йæ йæ нывæр- зæн бакодта базы бæсты. Æрмæст уый фæстæ йæ фыны федта денджызы бурбурид даргъ тæнæг был; федта, изæрмилты йæм фыццаг домбай куыд рацыд, уый, уыцы дом- байы фæдыл та æндæртæ. Йæ роцъойæ æрын- цой кодта урæд науы чъилыл, сур зæххæй йæм дымгæ цæуы æмæ йæ алыварс зилы, æнхъæлмæ 89
кæсы, зæгъгæ, кæд рацæудзысты ног домбайтæ æмæ иттæг райгондыл нымайы йæхн. Мæй раджы скаст, фæлæ ма зæронд лæг уæд- дæр фынæй кодта æмæ кодта, кæф та уыцы иу- гъæдон цыдæй арфæй-арфдæр ласта бæлæгъц æврæгъты комы. Фехъал кæфы риуыхъдæй. Йæ рахиз тымбыл къухы цæф сымбæлд йæ цæсгомыл, бæхсныг та йын йæ армы тъæпæн сыгъта, афтæмæй цъыв- вытт кодта донмæ. Йæ галиу къух цы ми кодта, уый нæ хатыд, уымæ гæсгæ афæлвæрдта бæхс- ныг йæ рахиз къухæй фæуромын, фæлæ кæм— бæхсныг ноджы тынгдæр тахти денджызмæ. Уа- лынмæ галиу къух дæр фæхæст бæхсныгыл, йæ фæсонтæй йæ нылхъывта æмæ йын ныр бæхс- кыг сыгъта йæ фæсонтæ æмæ йæ галиу къух, амæн æмæ кæфы уæз иууылдæр уыдонмæ ра- хызт. Иу каст фæкодта æнгуыры босы фæсауæрц къуыбылæйттæм æмæ федта—тагъд хæлынц. Уы- цы тæккæ уысм кæф океаны æмлæгъз айдæн стыдта, уæлæмæ сгæпп ласта, æмæ та фæстæ- мæ йæ тъæпп фæцыд денджызы. Стæй та но- джыдæр æмæ ноджыдæр сгæпп кодта, бæлæгъ размæ згъоры, æниу бæхсныг бæлæгъы чъилæй æттæмæ цъыввытт кодта æмæ йыл зæронд лæг йæ тых, йæ бонæй хæцыд, цæсты ныкъуылд- мæ-иу æй ауагъта, стæй та-иу æй йæ тыхтыхæ- г&й æрурæдта, æмæ-иу ын аскъуыйынæй дæр 90
тао уыди. Йæхи дæр ын бæлæгъы фындзмæ æн- гом нылвæста, йæ цæсгом ын нылхъывта макре- лы дзидзайы кæрдихмæ, фæлæ йæ фезмæлæн нæ уыди. „Гъе, гъе, уымæ дæм æнхъæлмæ кастæн,— ахъуыды кодта зæронд лæг. — Ныр мын багъæц... Æз дæ мæ æнгуыры босы маст райсдзынæн! Æз дын фенын кæндзынæн!" Кæф куыд гæппытæ кодта, уый зæронд лæг уынгæ нæ кодта, æрмæст хъуыста, донæй-иу куы сцæйхызт, уæд-иу океан куыд байгом æмæ- иу фæстæмæ денджызмæ куы ныггæпп кодта, уæд-иу йæ уæззау цæллахъхъ куыд фæцьтд, уый. Вæхсныг донмæ згъордта бæлæгъы чъилæй æмæ йын йæ къухтæ лыг кодта, фæлæ афтæ кæй уы- дзæн, уый рагацау зыдта, æмæ архайдта, йæ къу- хыл уæзæгæвæрд кæм уыд, уымæй йыл куыд ныххæцыдаид, афтæ, цæмæй йын бæхсныг ма алыг кодтаид йæ армы тъæпæн кæнæ йæ æн- гуылдзтæ. „Лæппу мемæ куы уаид, — ахъуыд кодта зæ- ронд лæг, — уæд бæхсныг донæй схуылыдз кæ- нид. Уæдæ, ам куы уаид лæппу! Ех, ам куы уаид лæппу!" Бæхсныг æппынæдзух згъордта æмæ ’згъорд- та, фæлæ ныр фæзындæр йæ цыд, æмæ зæронд лæг афтæ кодта, цæмæй кæф бæхсньтджы алы дюйм дæр ластаид тых æмæ фыдæй. Йæ бон ба- 91
ци йæ сæрыл схæцын æмæ йæ уадулæй кæй ныт- тæбæкк кодта, уыцы макрелы дзидзайæ йæ цæс* гом фæиппæрд кæыын. Фыццаг слæууыд йае уæрджытыл, стæй цадæггай слæууыд йæ къæх* тыл. Зæронд лæг ма ныр дæр бæхсныг уагъта æмæ уагъта, фæлæ къаддæрæй къаддæр. Талын* джы йæ къахæй бæхсныджы къуыбылæйттаз æрысгарын йæ бон кæм уыд, уырдæм æввахс- дæр æрбакъахдзæф кодта æмæ базыдта, нырма йæм фæсауæрц бирæ кæй ис, уый. ДенджызьГ та уый бæрц бæхсныг ис, æмæ кæфæн афтæ æн< цонты йæ бон нæ бауыдзæн аирвæзын. „Уæдæ афтæ,—ахъуыды кодта зæронд лæг,— Ныр дæс хаттæй дæр фылдæр гæппы акодта æмæ йæ мисындзæгтæ уæлдæфæй байдзаг кодта; ныр йæ бон нал бауыдзæн арф ацæуын æмæ уым амæлын, сисæн ын кæцæй нæй, афтæ арф. Рæх- джы райдайдзæн зилдух кæнын, æмæ уæд мæн бахъæудзæн кусын. Цымæ цæмæн сызнæт уы- даид? Æххормагæй йæ бон нал уыд быхсын æви талынджы истæмæй фæтарст? Чи зоны, æвип- пайды тас банкъардта. Фæлæ сабыр æмæ тых-' джын кæф куы уыди. Тынг ныфсхаст æмæ мæМ иттæг тыхджын касти. Диссаг у, диссаг!"- — Фæлтау, зæронд лæг, дæхæдæг ферох кæн тас æмæ дæ фылдæр ныфс уæд дæхицæй,—загъ- та йæхицæн.—-Уромгæ йæ кæныс, фæлæ бæхсиыг иунæг дгоймы бæрц дæр дæ бон раласын нæу; Æцæг рæхджы райдайдзæн зилдух кæнын. 92
Ныр зæронд лæг бæхсныг урæдта йæ галиу къух æмæ йæ уæхсчытæй. Æргуыбыр кодта æмæ йæ рахиз армы дзыхъхъы дон систа, цæмæй йæ цæсгом æрыхсадтаид — макрелы дзидзатæй йын ахуырст уыди æмæ тарст, зæгъгæ, йæ зæрдæ куы схæццæ уа æмæ йæ тых куы асæтта. Йæ цæсгом куы ’рыхсадта, уæд йæ рахиз къух бæ- лæгъы чъилæй ауагъта æмæ йæ иудзæвгар цæх- джын доны адардта, йæхæдæг, арв цъæх кодта, æмæ уымæ касти. Ныртæккæ ленк кæны комком- мæ хурскæсæнмæ,—хъуыды кодта зæрондлæг.-- Уый уый нысан у, æмæ бафæллад æмæ цæуы донвæдыл. Рæхджы зилдух кæнын райдайдзæн. Гъе, уæхскуæзæй кусыны сæр мæ уæд бахъæу- дзæн". Йæ къух иуцасдæр цæхджын доны куы адард- та, уæд æй систа æмæ йæм æркаст. — Уый бæрц тæссаг нæу, — загъта зæронд лæг,—стæй лæгæн рисс ницы у. Зæронд лæг хъавгæ райста бæхсныг, цæмæй йæ ног хъæдгæмттæй иуыл дæр ма æрынцадаид, æмæ йæ буары уæз афтæ раивта, цæнаей бæлæ- гъы иннæ чъилæй йæ галиу къухы дæр донмæ ауагътаид. — Æвзæр нæ архайдтай, дæ хуызæн ницæйа- гæй уый æнхъæл дæр нæ уьтдтæн, — загъта йæ галиу къухæй. — Фæлæ ахæм уысм уыди, æмæ мыл, гыццыл ма бахъæуа, фæлывдæй рацæуай. 1 93
„Цымæ дыууæ хорз къухимæ цæмæннæ рай- гуырдтæн?—хъуыдыкодта зæрондлæг.—Чи зоны^ мæхи аххос у, афойнадыл мæ галиу къухы дзæ^ бæх кусын кæй нæ сахуыр кодтон, уый. Фæлæ,; хуыцау æй уыны, йæхицæн дæр гæнæн уыдй æмæ сахуыр уыдаид! Раст куы зæгъон, уæд мыл дысон уый бæрц мæнгардæй нæ разылд. Æндзыг дæр æрмæстиухатт баци. Фæлæ ма цæйнæфæл- тау афтæ бакæна, фæлтау æй бæхсннг ахауын кæнæд!" Афтæ куы ахъуыды кодта, уæд зæронд лæг уайтагъд бамбæрста, йæ сæр кæй разылд, уый. Аууилын ма хъуыд ноджыдæр макрелы дзидза- йæ иу кæрдих. „Мæ бон нæу,—загъта йæхицæн,— фæлтаумæсæрриссæд, цæйнæфæлтау мæ зæрдæ схæццæ уа æмæ мæ тых асæтта. Дзидза мæ ру- сы бын кæй уыд, уый фæстæ йæ мæ бон аныхъ- хъуырын кæй нæ бауыдзæн, уый та æнæзонгæ нæ дæн. Цалынмæ бамбиа, уæдмæ йæ нывæр- дзынæн, æндæр гæнæн мын куы нæ уал уа, ахæм бахъуыды сахатмæ. Æнæуый дæр ныр хæ- рынæн æрæджы у. „Æдылы зæронд лæг! — фех- хæлыд йæхимæ.—Дыккаг тæхгæ кæсаг цæмæннæ хæрыс?" — Мæнæ, гъе, йæ хуылфыдзаумакалд, афтæмæй сыгъдæгæй лæууы.—Йæ галиу къухæй райста æмæ бахордта ’тæхгæ кæсаг/ хæрзæууылд ын кодта йе стджытæ, бахордта йæ иууылдæр, мур дæр дзы нæ ныууагъта. 94
„Ай цыфæнды æндæр кæсагæй дæр фылдæр æфсис дæдты,—ахъуыды кодта зæронц лæг.-< Цыфæыды куы уа, уæддæр дзы мæн цы хъæуы, уый ис... Уæдæ афтæ, ныр æз бакодтон, дыдæ- риддæр мæ бон бакæнын уыд, уый. Æрмæст зил- дух кæнын райдайæд, уый йедтæмæ æз йемæ схæцдзынæн". Хур æртыккаг хатт сцæйкаст, зæронд лæг ден- джызмæ куы ацыд, уæдæй нырмæ, æмæ мæнæ кæф райдыдта зилдух кæнын. Бæхсныг денджызы цас æмуырдыг уыд, уы- мæ гæсгæ зæронд лæгæн йæ бон нæма уыд, кæф зилдух байдыдта æви нæ, уый рахатын. Уымæн нырма йæ бон баци, кæфы æлхъывд гæзæмæ кæй фæлæмæгъдæр, æрмæст уый бафшшайын æмæ йæ рахиз къухæй цадæггай ласын райдыдта бæхсныг. Бæхсныг, раздæрау, ахъаззаг ныттынг, фæлæ афтæ куы зынди, зæгъгæ, ныртæккæ йын æнæ аскъуыйгæ нал ис, уæд та æваст фæлæ- мæгъ. Зæронд лæг æргуыбыр кодта, йе уæхсчы- тæ суæгъд кодта бæхсныджы æлхъыьдæй æмæ бæхсныг цадæггай ласын райдыдта. Зæронд лæг куыста, йæ къухтæй радгай ар- хайгæйæ. Йæ зæронд къæхтæ æмæ йын йæ зæ- ронд уæхсчытæ æххуыс кодтой йæ къухтæк. — Тынг дардыл зилы,—загъта зæронд лæг,— фæлæ уæддæр зиллакк аразы æмæ аразы. Бæхеныг æваст нал куымдта ласын, фæлæ йæ 95
уый уæддæр ивæзта, цалынмæ йыл хурмæ доны æртæхтæ æргæр-гæр кодтой, уæдмæ. Стæй бæхс- ныг иуварс айвæзт, зæронд лæг йæ уæрджытыл æрлæууыд æмæ йæ тар донмæ цадæггай-цадæг- гай уагъта æвæндонæй. — Кæф йæ зиллаччы тæккæ дарддæр ранмæ ахæццæ, — загъта зæронд лæг. „Цы гæнæн ис, уымæй йыл фидардæр хæцын хъæуы. Бæхсныг тынг æлхъывд куы уа, уæд ын йæ зиллакк цыбырдæр кæндзæн. Чи зоны йæ иу сахаты фæстæ фенон. Фыццаг уал ын хъуамæ бауырнын кæнон, тыхджын кæй дæн, уый, стæй йыл фæтых уыдзынæн". Фæлæ дыууæ сахаты рауади, уæддæр ма кæф цадæггай зылди бæлæгъы алыварс. Зæронд лæ- гæн йæ хид цъыкк-цъыкк кæны, зæгъæн куыд нæй, афтæ тынг бафæллад. Æцæг, кæф цы зил- лаччытæ кодта, уыдон ныр уыдысты бирæ цы- бырдæр, стæй бæхсныг донмæ куыд уади, уы- мæй дæр бæрæг уыди, кæф сындæггай-сындæг- гай уæлæмæ кæй схизы, уый. Ныр æнæхъæн сахат зæронд лæгæн йæ цæс- тыгæ тарытæ кæнынц, цæхджын хид ынйæцæс- тытæ къахы, судзы йын йæ хъæдгом йæ цæсты сæрмæ æмæ йе ’ннæ хъæдгом йæ ныхыл. Йæ цæстытæ кæй тарытæ кодтой, уымæй нæ тарсти. Уым диссагæй ницы уыди, бæхсныг йæ тых, йæ бонæй кæй ивæзта, ууыл куы ахъуыды кæнай, 96
уæд. Фæлæ дыууæ хатты фæфиппайдта, æдых кæй кæны, уый; æмæ уымæй йæ уд ауад. „А.у, фæкъуыхцы уыдзынæн æмæ цæйдæр кæ- фы тыххæй амæлдзынæн?—фарста йæхи.—Æмæ уымæй дæр ныр, хъуыддаг афтæ хорз куы цæ- уы, уæд. Хуыцау, баххуыс мын кæн, цæмæй мæ бон бауа бауромын! Оæдæ хатты скувдзынæн хуыцауæн, сæдæ хат.ты мадымайрæмæн. Æр- мæст ныртæккæ нæ. Ныртæккæ мæ бон нæу". „Цыма сын скуывтон, афтæ йæ банымай,— ахъуыды кодта йæхинымæр. — Фæстæдæр сын скувдзынæн". Раст уыцы уысм банкъардта, бæхсныгыл цæф- тæ кæй сæмбæлд æмæ йæ тынг кæй атъæппчын- дæуыд, уый—бæхсныгыл хæцыд йæ дыууæ къу- хæй. Уыцы тъæпп уыди æваст æмæ иттæг тых- джын. „Кæф йæ арцæй цæвы, æнгуыр баст кæмæй у, уыцы тел,—ахъуыды кодта зæронд лæг. — Кæй зæгъын æй хъæуы, æмбæлгæ дæр ын афтæ кæ- ны. Фæлæ афтæмæй æттæмæ куы рагæпп кæна, уымæй æдас нæу, мæнмæ та афтæ кæсы, æмæ ныртæккæ зилдух куы кæнид, уæд хуыздæр уаид. Гæппытæ кæнын æй уымæн хъуыди, цæмæй йæ мисындзæгты уæлдæф бацыдаид, фæлæ ныр алы ног гæппæй дæр егъаудæр кæндзæн йæ хъæд- гом, æнгуыр кæм нынныхст, уыцы хъæдгом, æмæ афтæмæй гæнæн ис, æмæ кæф феуæгъд уа". •7* 97
„Гæппытæ ма кæн, мæ хур, — дзырдта йын зæронд лæг.—• Дæ хорзæхæй, гæпппытæ ма кæн!" Кæф иоджыдæр æмæ ’поджыдæр цавта тел, æмæ-иу зæронд лæг алы хатт дæр йæ сæр бан- къуыста æмæ цадæггай ауагъта бæхсныг. „Хъуамæ йын йæ хъæдгом ма агайон,—хъуы- ды кодта зæронд лæг.—Мæхи хъæдгом куы рис- са, уæд уый мæхи буар у. Уый бауром:дзынæн. Фæлæ кæфæн йæ хъæдгом куы рисса, уæд’ йæ бон у æмæ сæрра уа". Цасдæр рæстæджы фæстæ кæф нал цавта тел æмæ та цадæггай зилдух райдыдта. Зæронд лæг /^онæй уыцы иугъæдокæй ласта бæхсныг. Фæлæ та йæ зæрдæ бахъарм. Йæ галиу армæй ден- джызы дон систа æм^е йæ йæ сæрыл æркодта. Стæй ма ноджыдæр иу чысыл йæ сæрыл дон æркалдта æмæ йæ бæрзæй аууæрста. — Уый хыгъд адæргæйы митæ нал кæнын.— загъта зæронд лæг. — Кæф рæхджы рахиздзæн æттæмæ, æз дæр нырма бауромдзынæн. Хъуамæ бауромай, зæронд лæг. Дæ бон бауромын нæу, зæгъгæ, уымæн йæ кой дæр ма кæн. Йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ та бæхсныг рæстæгмæ йе уæхсчытыл баппæрста. „Цалынмæ зилдух кæна, уæдмæ мæ фæллад суадзон,стæй сыстдзынæн, æмæ æввахсдæр куы ’рбацæуа, уæд та ласын байдайдзынæн бæхсныг". Тынг æй фæндыд бæлæгъы фындзыл фылдæр 98
аулæфын æмæ бæхсныг куыд нæ ластаид, афтæ- мæй кæфæн уæлдай зылд æркæныны фадат рад- тын. Фæлæ бæхсныгыл куы фæбæрæг, кæф фæс- тæмæ кæй разылд æмæ бæлæгъмæ кæй æрбаз- дæхт, уый, уæд зæронд лæг слæууыд æмæ ла- сын райдыдта бæхсныг, куы-иу йæ иу къух, куы-иу йе’’ннæ къух айтынг кодта æмæ-иу йæ риуы конд куы иуырдæм, куы иннæрдæм азылд- та, цæмæй цас гæнæн ис, уымæй фылдæр ра- ластаид æнгуыры бос. „Афтæ тынг бафæллад- тæн, æмæ мæ цæрæнбоиты дæр уый хуы?æн ни- куы уыдтæн,—ахъуыды кодта зæронд лæг,—фæ- лæ дымгæ тыхджындæр кæны. Æниу дымгæ мæ пайдайæн у, кæф хъæмæ куы ласон, уæд мæ бахъæудзæн. Тынг мæ бахъæудзæн уæд дымгæ". - — Ног зиллакк; куы райдайа, уæд та аулæф- дзынæн,—загъта зæронд лæг.—Уæлдайдæр ныр- тæккæ мæхи бирæ дзæбæхдæр хатын. Мæнæ ма дыууæ—æртæ зиллаччы—æмæ кæф мæхирдыгæй фæуыдзæн. Йæ хъæмпын худ фæстæмæ абырыд йæ тæккæ къæбутмæ, æмæ кæф фæстæмæ куы разылд æмæ та бæхсныг куы айвæзта, уæд зæронд лæг уыцы фæлладæй æрхауд бæлæгъы фындзыл. „Ды уал акус, кæф,—ахъуыды кодта зæронд лæг. — Стæй та куыддæр фæстæмæ разилай, аф- тæ та дæм æз дæр æрывналдзынæн". Денджыз райдыдта стыр уылæнтæ кæнын. Фæ- 99
лæ доны тардта дзæбæх дымгæ, ирд боны æь{- бæлццон, æмæ уый та зæронд лæджы хъуыд, цæмæй йæ хæдзарыл сæмбæла. — Хуссар æмæ хурныгуылæны ’рдæм араздзы- нæн мæ бæлæгъ,—эагъта зæронд лæг.—Æндæр ницы. Ау, денджызы фæдзæгъæл гæнæн ис? Уы- мæй дæр нæ сакъадах даргъ у. Кæфы федта, æртыккаг зылд куы кодта, уæд. Фыццаг федта тарбын аууон. Уыцы аууон йæ бæлæгъы бынты афтæ бирæ цыд, æмæ йæ цæс- тытыл æууæндгæ дæр нæ кодта. — Нæ, — загъта зæронд лæг.~- Уанцон нæу, ахæм егъау уа, уый мæ нæ уырны. Фæлæ кæф æцæгдæр уыди ахæм егъау, Æртык- каг зиллаччы кæрон- денджызы сæрмæ сленк кодта бæлæгъæй æдыппæт дæс æмæ ссæдз ярды дарддæр. Зæронд лæг федта, йæ къæдзил ден- джызы сæрмæ уæлæмæ куыд ссыд, уый. Уый уыди цыфæнды егъау æхсырфæй дæр егъаудæр æмæ тарбынцъæх доны сæрмæ зынди фæлурс си- рейгъуыз. Кæф та денджызы ныггæпп кодта, фæлæ арф нал ацыд, æмæ йын зæронд лæг дзæ- бæх федта йæ гуыр—дæргъæй-дæргъмæ йыл уы- ди фиолетгъуыз тæлмытæ. Йæ фæсонты ленк- гæнæн базыр уыди саргъау, йæ риуыгуыдыры егъау ленкгæнæн базыртæ та—фæйнæрдæм хæ- лиу. Цалынмæ иу зиллакк кодта, уæдмæ йын зæронд 100
лæг федта йæ цæстытæ æмæ, йæ фарсмæ цы дыу- уæ фæлурс цъæх кæсаджы ленк кодта, уыдон дæр. Уыцьг дыууæ кæсаджы йæм афтæ æввахс уыдысты, цыма йыл ныхæсгæ бакодтой. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу ыл аныхæстысты уы- цы дыууæ кæсаджы, стæй та-иу таппызарты хай баисты фæйнæрдæм. Куы та-иу стыр кæфы аууон ленк кодтой сæ зæрдæйы дзæбæхæн. Ацы дыууæ кæсагæй алкæмæн дæр йæ дæргъ уыди æртæ^ футæй дæр даргъдæр, æмæ-иу тагъд куы ленк кодтой, уæд-иу калмгæсæгтау скъæдзмæ- дзытæ сты. Зæронд лæгæн йæ хид йæ цæсгомыл лæсæн- тæ кодта, фæлæ ныр канд хурмæ нæ хид кодта. Кæф-иу уыцы æнцад-æнцойæ, цыма æппьш æнæ- знæтæй, ног æмæ ног зиллакк куы райдыдта, уæд-иу зæронд лæг фылдæрæй-фылдæр тыхта æнгуыры бос æмæ йæ ныр тынг уырныдта, зæгъ- гæ, дыууæ хатты ма куы æрзила, уæд дзы хæдз ныссадздзæн. „Фæлæ йæ хъуамæ æввахсдæр, бирæ æввахс- дæр æрбаласон мæхимæ,—ахъуыды кодта зæ- ронд лæг.—Нæ дæр ын йæ сæрмæ хъæуы хъавын, фæлæ йæ зæрдæмæ". „Тыхсгæ ма кæн æмæ фидар лæу, зæронд лæг",—загъта йæхицæн. Иннæ разылдæн æм кæфæн йæ чъылдым фæ- зынд, фæлæ нырма бæлæгъмæ æгæр дард уыд. 101
Ноджы ма иу зылд æркодта.кæф, фæлæ раздæ- рау æгæр дард уыди бæлæгъмæ, æцæг донæй бирæ фылдæр зьшди уæлæмæ. Зæронд лæг зыд- та, æнгуыры бос ма иу чысыл куы раласид, уæд кæфы баласид бæлæгъæн йæ тæккæ фарс- мæ. Ныр ын рагæй у цæттæ хæдз: лыстæг телы тыхтон уыди тымбыл чыргъæды, йæ кæрон та йын бæлæгъы фындзы цæджындзæгыл рербаста. Кæф зылди æмæ æввахсæй-æввахсдæр кодта. Диссаджы æнцад-æнцой æмæ алæмæты рæсугъд, зына-нæзына змæлыд йæ къæдзил. Зæронд лæг æнгуыры бос йæхимæ ласта йæ тыхтыхæгæй, цы гæнæн ис, уымæй кæфы бæлæгъы чъилмæ æв- вахсдæр баласыныл архайдта. Иу уысмы бæрц кæф фæцудыдта йæ фарсыл. Отæй та йæхи сраст кодта æмæ райдыдта ног зиллакк. — Йæбынатæййæ фезмæлын кодтон,~загъта зæронд лæг. —Йæ фарсыл æй æрзилын кодтон. Йæ сæр та разылд, фæлæ уæддæр стыр кæфы æнгуыры бос йæ тых, йæ бонæй йæхимæ ласта. „Мæ бон куы баци йæ фарсыл æй æрзилын кæ- нын,—хъуыдьт кодта зæронд лæг.~Чи зоны, ацы хатт мæ къухы бафта æмæ йæ йæ чъылдымыл æрфæлдахон. Тынг рахæцут!—дзырдта йæ къух- тæн.—Фидар мыл хæцут. мæ къæхтæ! Аххуыс ма мын кæн, мæ сæр! Аххуыс мын кæн, ды мыл гацзрахатæй куы никуы рацыдтæ. Ацы хатт æй йæ фæсонтыл æрфæлдахдзынæн". 102
Цалынмæ кæф бæлæгъмæ æрбаввахс, уымæй бирæ раздæр зæронд лæг йæ тыхтæ æрæмбырд кодта æмæ йæтых, йæ бонæй райвæзта бæхс- ныг. Фæлæ кæф æрмæст гæзæмæ фæцудыдта йæ фарсыл, стæй фæстæмæ йæхи сраст кодта æмæ дард аленк кодта. — Байхъус ма мæм, мæ хуры хай!~загъта зæ- ронд лæг кæфæн.—Цыфæнды фæуа, уæддæр дæ- уæн æнæмæлгæ куы нæ ис, уæд ма’дæ цæмæн хъæуы æмæ æз дæр амæлон? „Æфтæмæй æз иицы бакæЕэдзынæн",— ахъуыды кодта зæронд лæг. Йæ ком афтæ ныссур, æмæ йæ бон дзурын нал уыд, нал дæр доны авгмæ бавналын. „Ацы хатт ,æй хъуамæ бæлæгъмæ æр- баласон,—ахъуыды та кодта.—Бирæйы фаг нал дæн".— „Нæ, сфаг уыдзынæн,—йæхи ныхмæ рацыд.—Ды, зæроид лæг, æнусмæйы фаг дæ^. Уый фæстæ цы зиллакк кодта, уыцы зиллаччы рæстæджы йæм, гыццыл ма бахъæуа, баххæса, фæлæ та кæф йæхи араст кодта æмæ цадæггай дарддæр аленк кодта. „Бабын мæ кæндзынæ’, ацы кæф,—хъуыды кодта зæронд лæг.—Уый, кæй зæгъын æй хъæ- уы, дæхи бар у. Мæ цæрæнбонты дæуæй стыр- дæр, дæуæй рæсугъддæр, дæуæй сабырдæр æмæ уæздандæр цæрæгой никуы федтон. Цæй, цы чындæуа, амар мæ. Мæнæн хъаудлшдæр нал у, чи нæ кæй амардзæн, уый". 103
„Дæ сæр та разылд, зæронд лæг! Афтæмæй та< дæ сæр хъуамæ дзæбæх куса. Дæ хъуыдытаэ æрбæстон кæн æмæ бацархай фыдæвзарæнтæ лæ- гау уромын... Кæнæ кæфау",—бафтыдта ма йæ, хъуыдымæ. — Цæй-ма, мæ сæр, куыд æмбæлы, афтæ кус, —афтæ сындæггай загъта, æмæ тыххæй-фыдæй фехъуыста йæ ныхас—Кус дын куы зæгъын! Раздæрау ма йæ дыууæ зиллаччы хъуыди. „Цы бачындæуа? —хъуыды кодта зæронд леег. Кæф-иу æттæмæ куы фæцæйцыд, уæд-иу/ æм алы хатт дæр афтæ касти, цыма уадзыг кæны.—Цы бачындæуа? Иу хатт ма бавзарон". Иу хатт ма бавзæрста æмæ рахатыд,—йæ сæр зилы, фæлæ уæддæр. кæфы йæ фæсонтыл æр- ф&лдæхта. Стæй та кæф фæстæмæ æрзылд æмæ та цадæггай иуварс аленк кодта, йæ æгæрри егъау къæдзил уæлдæфы батилгæйæ. „Иу хатт ма бафæлвардзынæн",—баныфсæвæрд- та зæронд лæг йæхицæн, æниу йæ цæнгтæ бын- тондæр бастадысты æмæ йæ цæстытæ тарытæ кодтой. Вафæлвæрдта та æмæ та кæф афардæг. „Уæ- дæ афгæ у?—ахъуыды кодта зæронд лæг æмæ уайтагъд фæхатыд, мæлæты къахыл кæй ныл- лæууыд, уый.~-Иу хатт ма бавзардзынæн". Зæронд лæг æрæмбырд кодта йæ æппæт рисс, цыдæриддæр ма йæм хъару баззад, уый, рагæй 104
йын чи бахардз, уыцы сæрыстырдзинад æмæ хъазуатон тох самадта, кæф цы фыдæвзарæнтæ æвзæрста, уыдонимæ, æмæ уæд кæф йæ фарсыл æрфæлдæхт æмæ цадæггай йæ фарсыл аленк кодта, йæ æхсаргардæй бæлæгъы фæйнæджытæм æрцæйныдзæвгæйæ. Гыццыл ма бахъæуа бæлæ- гъы цурты аленк кæна уыцы дæргъæй-дæргъмæ, фæтæнтæконд, æвзист, фиолетгъуыз тæлмытæй нывæфтыд кæф, æмæ афтæ зынди, цыма йын æппын кæрон нæ уыдзæн. Кæф йæ гуыр денджызы сæрмæ бæрзæндты хаста, адæймаджы риуы • æмбæрзæнд. Зæронд лæг аппæрста æнгуыры бос, йæ къахæй йыл ныллæууыд, цыдæриддæр йæ бон уыд, уымæй бæрзонд систа хæдз, æмæ ма йæм цыдæриддæр тых уыди æмæ йæ уыцы уысм æрæмбырд кодта, уымæй хæдз ныссагъта кæфы фарсы, раст йæ риугуыдыры ленкгæнæн базыры фæстæ. Зæронд лæг хатыд, æфсæйиаг хæдз кæфы фæлмæны куыд ныхсы, уый, æмæ йыл тынг æнцади, арф- æй-арфдæр æй сагъта, йæхицæн йæ буары æп- пæт уæзæй æххуыс кæнгæйæ. Æмæ уæд кæф æваст стæлфыди, æниу йæ цæф уыдис мæлæтдзаг цæф,—бæрзонд ссыд денджы- зы сæрмæ, цыма йæ æгæрон дæргъ æмæ уæр- хæй, йæ алæмæты рæсугъдæй æмæ йæ бирæ ты- хæй æппæлыд, уыйау. Афтæ зынди, цыма зæ- ронд лæг æмæ бæлæгъы сæрмæ ауыгъд у. Стæй 105
йæ тъæпп фæцыд дснджызы æмæ доны фæйла* уæнтæ сæ быны фæкодтой зæронд лæгæн йæхи дæр æмæ йæ бæлæгъы иууылдæр. Зæропд лæгæн йæ хъару нал уыд, йæ зæрдæ бахъарм, йæ цæстытæ фæтар сты æмæ ницыуал ауыдта. Фæлæ хæдзыл баст- бæхсныг ауагъта æмæ йыл йæ хъæдгом къухтæй хæцыд, стæй йæ цæстытæй куы ракаст, уæд федта: кæфæн йæ æвзист гуыбын уæлгоммæ, афтæмæй хуыссы йæ фæсонтыл. Хæдз кæфы ахызт иннæрдæм æмæ йæ фистон зынди йæ чъылдымæй, сæ ал- фæмблай денджыз сырх адардта кæфы зæрдæйы тугæй. Фыццаг уыди тарбын тæпп, цыма æрв- гъуыз дон æнæхъæн миляйы æрфæн кæсæгтæй байдзаг, афтæ. Стæй уыцы тæпп апырхи æмæ мигъы хуызæн сси. Æвзист кæфы цадæггай узæ- гау кодта денджызы уылæнтыл. Зæронд лæг дзы йæ цæст нæ иста, цалынмæ та йæ цæстытæ фæтар сты, уæдмæ. Уæд хæдзы бæхсныг дыууæ тыхты æркодта цæджындзæгыл æмæ йæ сæр йæ цæнгтыл æруагъта. „Цымæ мæ сæр цы кæны? — загъта зæронд лæг, бæлæгъы фындзы фæйнæджытыл йæ цæс- гом æруадзгæйæ.— Æз зæронд лæг дæн æмæ тынг бафæлладтæн. Фæлæ уæддæр ацы кæфы амардтоы, æниу мын æфсымæрæй зынаргъдæр у. Ныр ма мæ бакæнын хъæуы æрмæст’сау куыст. Йрдр æз хъуамæ æрцæттæ кæноы бæндæн æмæ 106
дзы цæсмытæ скæнод, цæмæй кæфы бæлæгъмæ бабæттон. Æгæрыстæмæй дыууæ куы уыдаиккам æмæ бæлæгъы куы фæдæлдон кодтаиккам, цæ- мæй йыл ацы кæф сывæрдтаиккам æмæ уый фæстæ бæлæгъæй дон куы акалдтаиккам, уæд- дæр бæлæгъ ахæм уæз нæ баурæдтаид. Цыдæ- риддæр хъæуы, уый хъуамæ бацæттæ кæнон> стæй кæф æрбаласдзынæн, бæлæгъы фарсмæ, фидар æй бабæтдзынæн бæлæгъмæ, пæлæз сы- вæрдзынæн æмæ мæ хæдзармæ цæугæ". Райдыдта кæфы бæлæгъы цурмæ æхсойын, цæмæй йын бæндæн йæ хъусты æмæ йæ дзыхы раластаид æмæ йын йæ сæр бæлæгъы фындзмæ бабастаид. „Мæн фæнды кæфмæ æркæсын,—ахъуыды код- та зæронд лæг,—уырзæй йæ фенын, банкъарын, цавæр кæф у? Уæууа, гормон, мæ хъæзныгдзи- над уый куы у. Фæлæ мæ уый тыххæй миййаг нæ фæндыд уырзæй йæ фенын. Мæнмæ афтæ кæ- сы, æмæ йын ныр йæ зæрдæмæ бавнæлдтон,— хъуыды кодта зæронд лæг,—хæдз дзы йæ тæк- кæ кæроямæ куы ныссагътон, уæд, Цæй, хорз, æввахсдæр æй балас, æрбæтт æй, йæ къæдзилыл ын цасм бакæн, иннæ цасм та йæ гуырыл, цæ- мæй йæ æнгомдæр бабæттай бæлæгъмæ". — Гъæй, зæронд лæг, райдай кусын,—загъта йæхицæн, æмæ иу чысыл ахъуыртт кодтадон.— Ныр хæст фæци, фæлæ дзы уæддæр нырма сау куыст бирæ баззад. 107
Зæронд лæг скаст арвмæ, стæй кæфмæ. Иттæу лæмбынæг каст хурмæ. „Æмбисбонæй чысы^' фæкъул уыдаид, æндæр нæма, Фæлæ цæгат-хур'1 скæсæйнаг дымгæ тынгæй-тынгдæр кæпы. Æн- гуыртыбостæ цалцæг кæнын ныртæккæ ницы пайда у. Хæдзары сæ лæппуимæ байыхасдзыс- тæм". •—Кæф, ардæм ма рауай, ардæм! Фæлæ йæм кæф нæ байхъуыста. Цадæггай узæгау кодта денджызы улæнтыл, æмæ йæм зæ- ронд лæгæн йæхи бахъуыди бæлæгъ æввахс ба- кæнын. Æввахс æм куы бацыд æмæ кæфы сæр бæлæ* гъы фындзы æмрæнхъ куы сси, уæд та йын зæ- ронд лæг дисы бафтыд йæ асыл. Фæлæ хæдзы бæндæн цæджындзæгæй райхæлдта, кæфы хъус- ты йæ акодта æмæ йыя йæ кæрон йæ дзы- хæй раласта, æртыхта йæ кæфы æхсаргар- дыл, стæй та йын бæндæн ноджы йæ хъусты аласта, æхсаргардыл та йæ æртыхта æмæ йæ дыдагъæй цæджындзæгыл бабаста. Бæндæн алыг кодта æмæ фæстæмæ рацыд, цæмæй йын йæ, къæдзил дæр бабастаид бæлæгъмæ. Кæфы къæ- дзил æвзист-фиолетгъуызæй сыгъдæг æвзист фестад, йæ тæлмытæ та йæ къæдзилау фæлуро сиренгъуыз фестадысты. Уыцы тæлмытæ уы- дысты лæджы армæй дæр фæтæндæр, кæфæн П Цæст та-перископы айдæнау иппæрдгонд кæнае 108
дзуархæсджыты стæры замавы зæдты цæсгомы хуызæн. Æндæргъуызои мард æй акодтаин, уый мæ бон нæ уыд, -загъта зæронд лæг. Дон банызта æмæ бирæ фæдзæбæхдæр. Ныр зыдта, йæ зæрдæ кæй нал бахъарм уыдзæн, уый, нал дæр йæ сæр зылди. „Тоннæйы æрдæгæй цух нæу,—ахъуыды кодта зæронд лæг.—Фæлæ, чи зоиы, уымæй дæр бирæ фылдæр". Цымæ цас райсдзæн, уыцы уæзæн йæ дыууæ æртыццаг хайы фыдызгъæл куы рацæуа æмæ джиранка дæс æмæ ссæдз центыл куы радта, уæд? — Кърандас куы нæ уа, уæд æй нæ бахынц- дзынæ,—загъта зæронд лæг.—Уый банымайынæн дзæбæх сæр хъæуы. Фæлæ æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ абон мæнæй сæрыстыр уаид цытджын Ди Маджио. Æцæг мыл стæджы мазоль нæ уыди. Фæлæ мæ къухтæ æмæ мæ фæсонтæ тынг рыс- тысты. Цымæ циу стæджы мазоль? Чи зоны ма- хыл дæр ис, фæлæ йæ нæ хатæм? Зæронд лæг кæфы бабаста бæлæгъæн йæ фындз- мæ, йæ фæстаг кæронмæ æмæ бæлæгъдарæг кæм фæбады, уырдæм. Кæф афтæ егъау уыди, æмæ зæронд лæгмæ афтæ фæкаст, цымæ йæ бæлæгъ стыр науы чъилмæ бабаста. Бæндæнæй иу чысыл ралыг кодта æмæ дзьг кæфæн йæ би- наг æфсæры къæдз йæ æхс^яргардмæ бабаста, цæмæй йæ дзых ма хæлиу кæна æмæ æнцондæр 109
ленкгæнæн у&. Отæй сæвæрдта пæлæз, бæлæгъ* хъæды бæсты сывæрдта лæдзæг æмæ айтыгъта пæлæз. Æмпъызтытæ пæлæз адымст æмæ бæлæгъ анкъуыст размæ, зæронд лæг бæлæгъы фæстаг кæрон хуыссæгау кодта, афтæмæй аленк кодта хуссар-хурныгуылæны ’рдæм. Хуссар-хурныгуылæн базонынæн зæронд лæ- дясы компас нæ хъуыд. Цæгат-хурскæсæйнаг дымгæ кæцырдæм дымы æмæ пæлæз куыд адымсы, уый хатын йедтæмæ йæ.ницы хъуыди. „Æвæццæгæн, мæгуырау нæ уаид æнгуыр доны баппарын, чи зоны, блеснæ* кæсаг æрцахсон, æндæра мын куы ницы ис хæринаг", Фæлæ блес- нæ кæсаг не ссардта, йæ сардинтæ та тæф скод- той. Уæд хæдзæй систа, йæ цурты кæмæн ра- цæйленк код’гой, уыцы бур донхалты губакк, бауыгъта йæ æмæ дзы бæлæгъмæ æрызгъæлд лыстæг креветкæтæ.** Дюжинæй дæр фылдæр уыдысты, рагæпп-багæпп æмæ рауай-бауай код- той æхсынчъытау. Вæронд лæг сын йæ дыууæ æнгуылдзæй сæ сæртæ аскъуыдта æмæ сæ æнæ- хъæнæй ахордта, сæ цъæрттæ æмæ сын сæ къæ- дзилтæ бæстон аууылдта. Креветкæтæ гыццыл муртæ уыдысты, фæлæ зæронд лæг зыдта— хæрзæфсис æмæ хæрзад сты. * Къаннæг кæсаг. Денджызаг лыстæг хæрыны хæфсытæ. 110
Авджы ма чысыл дон уыди, æмæ зæронд лæг креветкæтæ куы бахордта, уæд ыи йæ цыппæ- рæм хай анызта. Кæд ыл ахæм уæз уыди, уæддæр хорз цыди бæлæгъ, æмæ йæ зæронд лæг скъæрдта, бæлæ- гъы ’рулздахæн мæцъисыл хæцыд йæ цонгæй. Кæф æм æппынæдзух зынди, æниу йæ къухтæм куы фæкастаид, кæнæ бæлæгъыл йæ фæсонтæ куы аныдзæвдаиккой, уæддæр æнæ банкъаргæ нæ фæуыдаид, уыдæттæ фыны кæй нæ уыны, фæ- лæ йыл æцæг кæй æрцыдысты, уый. Иу рæс- тæджы, хъуыддаг йæ кæронмæ куы фæцæйхæц- цæ кодта æмæ йæ зæрдæ куы бахъарм, уæд зæронд лæгмæ æвиппайды афтæ фæкаст, цы- ма уыдон иууылдæр æрмæст фыны митæ сты. Æмæ канд уæд нæ, фæлæ уый фæстæ дæр, кæф донæй куы рацыд æмæ цалынмæ фæстæмæ доны йæ тъæпп фæцыд, уæдмæ уæлдæфы ауыгъдау куыд аззад, уый куы федта, уæддæр æм уыдæт- тæ иууылдæр цыдæр æнахуыр диссаг фæкас- тысты æмæ йæ цæстытыл нæ баууæндыд. Æцæг уæд цæстæй дæр рæстмæ нæ уыдта, фæлæ ныр йæ цæстытæ дзæбæх уыдысты. Ныр кæф æцæг кæй у, уый зыдта, стæй йæ къухтæ æмæ йæ фæсонтæ кæй риссынц, уый дæр фыны хабар нæу. „Мæ къухтæ тагъд байгас вæй- йынц,—ахъуыды кодта зæронд лæг,—Бирæ туг сæ рауагътон, цæмæй сæ хъæдгæмттæ хæрам ма расайой, цæхджын дон та сæ дзæбæх скæн- 111
дзæн. .Бакæлæны тарбын дон — дунейы æппæтиг хуыздæр æвдадзыхос. Æрмæст мæ сæр куы. нæ зилид! Къухтæ сæ куыст бакодто#, хорз цæ- уы бæлæгъ дæр. Кæфæн йæ дзых æхгæд у, йæ къæдзилыл раст хæцы, æфсымæртау ленккæнæм фæрсæй-фæрстæм". Чысыл та йæ сæр разылд, æмæ ахъуыды кодта: „Цымæ нæ чи кæй ласы хæдзармæ — æз уый ласын, æви уый мæн ласы? Сыфцæй йæ куы лаоын, уæд хъуыддаг бæрæг уаид. Кæнæ бæлæгъы куы уаид, йæ сæрыстыр- дзинац иууылдæр фесафгæйæ, уæддæр æндæр уаид хъуьтддаг. Фæлæ мах ленк кæнæм фæрсæй- фæрстæм, кæрæдзийыл фидар бастæй. Уадз æмæ мæ ласа, кæд æм афтæ хорз кæсы, уæд. Æз ыл æрмæст хинæй фæтых дæн, æндæр ницæмæй. Уый мын ницы хæрамдзинад кæнинаг уыд". Ленк кодтой æмæ кодтой. Зæронд лæг-иу йæ къухтæ цæхджын донæй анхъæвзта æмæ ар- хайдта, цæмæй йæ сæр ма разылдаид. Тар мигъ- тæ бæрзонд уыдысты, сæ сæрмæ ленк кодтой цагъд мигътæ. Зæронд лæг зыдта, æхсæв-бонмæ дымгæ кæй уыдзæн, уый. Иудадзыг фæкæс-фæ- кæс кодта кæфмæ, ома фыйы йæ æцæг нæ уыны. Æнæхъæн сахат • рау’ад, цалынмæ йæ фыццаг акулæ раййæфта, уæдмæ. Æнæнхъæлæджы миййаг æй нæ раййæфта акулæ. Уый сленк кодта океаны тæккæ арфæй, йæфы туджы тар мигъ куы сбæзджын æмæ стæй 112
æнæхъæн миляйы æрфæн куы апырх, уæд. Аку- лæ уайтагъд сленк кодта уæлæмæ, æппындæр ницæмæй тарсти, скъæртт кодта денджызы æрв- гъуыз айдæн æмæ хурмæ рацыд. Стæй та фæс- тæмæ ацыд доны, бафиппайдта та туджы тæф æмæ аленк кодта бæлæгъ æмæ кæфы фæдыл. Хаттæй-хатт-иу фæиппæрд фæдæй. Фæлæ-иу ыл куы æмбæлгæ скодта, науæд та дзы зына-нæ- зына цы тæф цыд, уый æмбæрста æмæ гурæй- гурмæ йæ фæдыл цыди. Уый уыди тынг егъау акулæ, мако, зæгъгæ, йæ мыггаг. Сфæлдыст æр- цыд, цæмæй денджызы æппæты тагъддæр цы кæсаг ленк кæны, уыйау тагъд ленк кæна, æмæ алцæмæй^дæр уыди рæсугъд, йæ дзых йедтæмæ, Йæ чъылдым уымæн дæр уыди хъама кæса- джы хуызæн æрвгъуыз, йæ гуыбын-æвзист- гъуыз, йæ царм лæгт^з æмæ рæсугъд, æмæ æнæхъæнæй дæр уыди хъама-кæсаджы хуы- зæн, йæ, егъау æфсæрты йедтæмæ—ныртæккæ йын азнгом уыдысты. Акулæ тагъд ленк код- та денджызы уæлдон, æнцоиæй гæрста дон йæ чъылдымы ленктæнæн бæрзонд базырæй. Йæ æн- гом æлхъывд дывазыг былты мидæгæй зулаив сагъд ’ уыдысты йæ дæндæгтæ аст рæнхъæй. Æнæуи акулæтæн сæ фылдæрæн цы дæндæг- тæ вæййы, куыдуæлæмæ лыстæгдæр, уый хуы- зæн нæ уыдысты ацы акулæйы дæндæгтæ, фæлæ адæймаджы æнгуылдзтæ хъæддаг сырды 8* 113
ныхты хуызæн куыд екъæдзтæ кæнай, афтæ; Дæргъæй зæронд лæджы æнгуылдзтæй цыбыр- дæр нæ уыдысты, фæлæ сæ тигътæ сæрдасæ- нау цыргъ. Акулæ афтæ сфæлдыст æрцыд, цæмæй, цыдæриддæр денджызы кæсаджы мыггаг ис, уыдон иууылдæр хордтаид, ахæм цæрдæг, ахæм тыхджын æмæ дзæбæх хотыхджын кæсæг- ты дæр, æндæр тыхгæнæг тых кæмæн нæ ардта. Ныр йæ акæттаг æввахс кæй у, уый хатыд æмæ тагъд кодта, йæ чъылдымы æрвгъуыз ленкгæ- нæн базырæй къæртт кодта дон. Зæронд лæг æй куы федта, уæд бамбæрста: ацы акулæ ницæмæй тæрсы æмæ йæ куыд ба- фæнда, афтæ бакæндзæн. Æрцæттæ кодта æхс- гæ хæдз, бабаста йыл бæндæн æмæ æнхъæлмæ каст, цалынмæ акулæ æввахсдæр бацыдаид, уæд- мæ. Бæндæн цыбыр уыди, амæн æмæ кæф бæ- лæгъмæ куы баста, уæд æй алыг кодта. Зæронд лæгæн ныр йæ сæр æппындæр нæ зылд, æмæ цæттæ уыди цыдæриддæр бакæнын- мæ, æниу йæхицæн ныфс не ’вæрдта. „Мæ хъуыддаг æгæр хорз цыд, афтæ йын би- рæ ахæссæн кæ уыд",— хъуыды кодта зæронд лæг. Зæронд лæг йæ хъус дардта, акулæ. куыд æр- бацæйцыд, уымæ æмæ иу каст фæкодта стыр кæфмæ. „Фæлтау адон иууылдæр фыны хабæрт- тæ куы уыдаиккой. Мæхимæ йæ фæлæбурын ма 114
яербауадзон, уый мæ бон нæу, фæлæ, чи зоыы, мæ бон бацæуа йæ амарын? Æеп^изо", — ахъуыды кодта зæронд лæг.—Рын сыстæд дæ ныййарæг ма- дыл!" Акулæ æрбаленк кодта бæлæгъы тæккæ цурмæ .æмæ кæфмæ куы фæлæбурдта, уæд ын зæронд лæг федта йæ гбм дзых æмæ йæ æвирхъауцæс- тытæ. Фехъуыста, йæ æфсæрты къæрцц куыд фæцыщ, уый, кæфы фыды йæ къæдзилæй чысыл уæлдæр куы нынныхстысты, уæд. Акулæйы сæр уæлеау сзынд донæй, сæры фæстæ сзынд йæ чъылдым дæр, æмæ акулæйы æфсæртæ стыр кæфы царм æмæ фыд куыд рæдувынц, уый хъæр хъуСгæйæ, зæронд лæг йæ хæдз ныс- сагъта акулæйы сæры, ныссагъта йæ, йæ цæс- тытæ йын цы хахх иу кæны, уыцы хахх йаз фындзæй уæлæмæ цæуæг хаххимæ дзуарæвæрд кæм кæньт, раст уыцы тæккæ ран. Ахæм хæх- хытæ йыл æцæгæй нæ уыди. Уыди йын æрмæст уæззау, цыргъбырынкъ æрвгъуыз сæр, стыр цæстытæ æмæ хъыррыстгæнаг, къуыпдзых, æп- пæтхор æфсæртæ. Фæлæ уыцы ран ис акулæйы сæры магъз, æмæ уым ныссагъта, зæронд лæг йæ хæдз. Ныссагъта йæ йæ тых, йæ бонæй, йæ тугæрхæм къухтæй йыл фидар хæцгæйæ. Ныц- цавта йæ, йæ зæрдæ ницæуыл дардта, афтæмæй, * Акулæйы мыггаг (испайнагау). 115
фæлæ цыфæнды бакæнынмæ дæр цæттæ уыдж æмæ фырмæстæй æхсысти. Акулæ æрфæлдæхт, æмæ зæронц лæг федта, йæ цæст кæй банымæг, уый. Стæй та ноджы æр- зылди æмæ бæндæн дыууæ хатты йæхиуыл стых- та. Зæронд лæг бамбæрста, акулæ мард кæй уыд,. уый, фæлæ йыл акулæ йæхæдæг нæ саст. Йæ фæсонтыл хуыссыд, йæ æфсæртæ хъыррыст код- той æмæ уайгæ бæлæгъау дон фынк кодта.< Йæ- къæдзилæй денджызы кæм тъыбар-тъыбур кодта,> уым дон уыди урсурсид. Акулæйы гуырæн фæ* уæлдон йæ æртæ цыппарæм хайы, бæндæн ныт: тынг, ныззырзыр кодта æмæ аскъуыд. Акулæ иу чысыл алæууыд доны уæлæ æмæ йæм зæронд лæг каст æмæ каст. Стæй хæрз цадæггай фæдæл- дон. — Дыууиссæдз джиранкайы бæрц мын ахаста мæ кæфы фыдызгъæлæй, — хъæрæй загъта зæ~ ронд лæг. „Денджызы бынмæ мын ахаста мæ хæдз дæр,. стæй мæ фæсауæрц бæндæн иууылдæр,—йæхи- нымæрьГбафтыдта йæ ныхасмæ.—Кæфæй та дæ« уы туг, æмæ ацы акулæйы фæдыл æрдæудзыс- ты æндæртæ". Ныр, акулæ йын йæ кæф афтæ æнахъинонтæ куы скодта, уæд æм йæ зæрдæ иал тардта кæ- сын. Акулæ кæфмæ куы фæлæбурдта, уæд, за^ронд лæгмæ афтæ фæкаст, цыма йын йæхимэь фæлæбурдта. 116
„Фæлæ æз уæддæр акулæйы амардтон, мæ кæфмæ мын чи фæлæбурдта, уый,—ахъуыды кодта зæронд лæг.—Уый уыди, æз цыдæриддæр 4еп№з-тæ федтон, уыдонæн сæ тæккæ егъаудæр. Æмæ æз та, хуыцауыстæн, мæ цæрæнбонты цъус яæ фсдтон стыр акулæтда. Мæ хъуыддæгтæ æгæр хорз цыдысты. Дард- дæр сын афтæ цæуæн нал уыд. Фæлтау уыдон иууыл фыны хабæрттæ куы уаиккой: „Æппындæр кæф не ’рцахстон, фæлæ мæхицæн фынæй кæ- нын мæ сынтæджы, газеттæй азмбæрзт сыктæ- джы’*. —-Æвæдза лæг уымазн нæу, æмæ састы бына- ты баззайа,—загъта зæронд лæг.—Лæгæн фе- сæфæн ис, фæлæ йын састы бынаты ныууадзæн нæй. „Фæлæ уæддæр тæригъæд у, кæфы кæй амард- ,тон, уый; —ахъуыды кодта зæронд лæг.—Тынг хъизæмайраг кæндзынæн, афтæмæй мын хæдз дæр нал ис. БепШзо цæрдæг æмæ æнауæрдон, зæнд- джын æмæ тыхджын цæрæгой у. Фæлæ æз уы- мæй зæндджын дæр разындтæн. Æниу, чи зоны, нæ дæн зæндджындæр. Чи зоны, æз хуыздæр Зсотыхджын кæй уыдтæи, уымæн ыл фæтых дæнм. — Хъуыды кæнын нæ хъæуы, зæронд лæг,— вагъта йæхицæн хъæрæй. — Ленк кæн, дымгæ кæдæм дымы, уыцырдæм 117
æмæ дæхи цæттæ дар æнамонддзинадыл сæмбæ- лынмæ. „Нæ, æз хъуамæ хъуыды кæнон,~-йæхинымæ- ры не сразы йæ ныхаеыл.—Æндæр мын ницц- уал баззад. Уый æмæ бейсбол. Цымæ цытджын Ди Маджиойы зæрдæмæ фæцыдаид, акулæйæн хæдз комкоммæ йæ сæры магъзы кæй ныссагъ>- тон, уый? Æмткæй сисгæйæ дзы диссагæй ницы уыди—чифæнды дæр хуыздæр йедтæмæ æвзæр- дæр нæ сæрæхстаид. Фæлæ куыд æнхъæл дае, зæронд лæг: дæ къухтæ дæ тынгдæр хъыгдард- той стæджы мазолæй? Цæмæй йæ зонын! Мæ зæвæттыл нику ницы æрцыд, æрмæст мын иу хатт мæ зæвæт ныццавта электрон скат*, мæ хи найгæйæ йыл куы фæлæууыдтæн, уæд; уæд мæ къах мæ уæраджы чъилы онг бандзыгг тыххæй йын урæдтон йæ рисс". — Уый бæсты хъæлдзæг истæуыл ахъуьтды кæн, зæронд лæг,—загъта йæхицæн хъæрæй.— Ныр алы минут дæр æввахсæй-æввахсдæр кæныс дæ хæдзармæ. Стæй дæ кæфæй дыууиссæдз джи- ранкайы куы фæхъуыд, уæдæй нырмæ дын ленк кæнын дæр фенцондæр. Зæронд лæг иттæг хорз зыдта, донвæды бæс- тастæумæ куы рахæццæ уа, уæд ыл цы зындзи- нæ дтæ сæмбæлдзæн, уый. Фæлæ йын ныр ницы- уал гæнæн уыди. „ Электрон скат—денджызон тъæпæн кæсаг, акулæть* мыггагæй, электронæй цæвы. 118
— Раст нæ зæгъыс, гæнæн дкн ис, — загъта зæронд лæг йæхицæн.—Дæ бон у æмæ дæ кард бабæттай донвыййæгтæй иуы хъæдмæ. Æмæ æцæгдæр афтæ бакодта, бæлæгъздахæн мæцъисыл йæ дæларммæ хæцгæйæ æмæ пæлæзы бæндæныл йæ къахæй ныллæугæйæ. — Гъе, афтæ,—загъта йæхицæн.—Кæд зæронд лæг дæн, уæддæр мæм хæцæнгарз ис. Дымдтасатæг дымгæ, бæлæгъ тагъд цыди раз- мæ. Зæронд лæг каст кæфæн æрмæст йæ раззаг хаймæ, æмæ та иу чысыл фæныфсджын. „Ныфс фесафыя æдылы ми у,—хъуыды кодта йæхинымæр. — Стæйдæр, æнхъæл дæн, уымæй лæг тæригъæдджын кæны. Лæг тæригъæдджын цæмæй кæны, ууыл нæ, фæлæ тæригъæдджын цы нæ у, ууыл хъæуы хъуыды кæнын. Æнæ- уый дæр дунейы чысыл нæй, ахъуыды гæнæн цæуыл ис, ахæм. Раст куы зæгъон, уæд тæри- гтьæды бацæуын цы у, уымæн ницы уыйас æм- барын. Не ’мбарын æмæ мæ, æвæццæгæн, уырнгæ дæр нæ кæнынц. Чи зоны, кæфы амарын тæригъæды бацæуын уыди. Æнхъæл дæн, тæригæды бацæ- уын уыд, æниу æй æз уый тыххæй амардтон, цæмæй мæхæдæг æххормагæй нæ амардаин æмæ ма ноджы бирæ æндæр адæм дæр æххормаг нæ баззадаиккой. Афтæ куы уа, уæд лæг цыдæрид- дæр аразы, уый иууылдæр тæригъæд у. Иицæ- 119
мæн хъæуы, тæригъæд цы у æмæ тæригъæд цы нæ у, ууыл хъуыды кæнын. Ныр æрæджы у ууыл хъуыды кæнынæн, стæйдæр уадз æмæ тæ-( ригъæдтимæ архайæнт, уый тыххæй мызд чи исы, уыдок. Уадз æмæ уыдон хъуыды кæной, тæригъæд цы у, ууыл. Ды райгуырдтæ, цæмæй кæсагахсæг суай, кæсаг цæмæй кæсаг уа^уы- мæн куыд. райгуырд, афтæ. Сыгъдæг Петр дæр кæсагахсæг уыд, афтæ цытджын Ди Маджиойы фыд дæр." Фæлæ уый уарзта, йæ алфæмблайы цы уыд, уыдæттыл ахъуыды кæнын, фæлæ йæм бакæси- наг кæй ницы чиныг уыд æмæ йæм радио дæр кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ уый бирæ цæуыл- дæрты хъуыды кодта, уыцы нымæцы, тæригъæд цы у æмæ цы нæ у, ууыл дæр. „Ды кæф канд уымæн нæ амардтай, цæмæй йæ æндæр искæ- мæнты ауæй кæнай æмæ дæхицæн царды хос са- мал кæнай,—хъуыды кодта зæронд лæг.—Ды йæ амардтай, сæрыстыр æмæ кæсагахсæг кæй дæ, уый тыххæй дæр. Ды уыцы кæфы уарзтай, ца- лынмæ удæгас уыди, уæдмæ, æмæ йæ ныртæк- кæ дæр уарзыс. Искæй куы уарзай, уæд йæ ама- рын тæригъæды бацæуын нæу. Æви кæд аф- тæ нæу, квд ноджы тынгдæр тæригъæд у?" — Æгæр бирæ хъуыды кæныс, зæронд лæг,— загъта хъæрæй. „Фæлæ йеп^изо-йы æхцонæн мардтай,—ахъуыды 120
кодта зæронд лæг.—Афтæмæй уый дæр дæуау кæсаджы фыдæй цæры. Уый хуымæтæджы хæд- мæлхор æмæ хуымæтæджы æнæфсис гæлдæр нæу бирæ æндæр акулæтау. Уый рæсугъд, уæз- дан цæрæгой у, тас цы у, уый зонгæ дæр нæ кæ- ны". — Æз мæхи кæй хъахъхъæдтон, уый тыххæй #æ амардтон, — хъæрæй загъта з^ронд зæг. — Маргæ та йæ акодтон иттæг аив. „Æнæуый дæр,—ахъуыды кодта зæронд лæг,— адæм иууылдæр маргæ кæнынц кæнæ искæй кæ- нæ исты. Кæсаг кæй ахсын, уыймæн маргæ дæр ^афтæ кæны, мæлын мæ куыд нæ уадзы. Лæп- ду—гъе уый нæ уадзы мæн мæлын. Дæхицæн мæнг ныфсытæ ма æвæр, зæронд лæг". Бæлæгъы чъилæй æргуыбыр кодта æмæ иу мур ратыдта кæфæй, акулæ дзы кæм атыдта, уыцы ран, дзидза аууылдта, кæддæра йæ гъæд земæ йæ ад куыд у. Дзидза уыди хъæбæр æмæ донджын, стуры дзидзайы хуызæн, æцæг сырх нæ уыди. Нæ уыд нуарджын, æмæ зæронд лæг зыдта, ахæм кæфыл базары æппæты стырдæр аргъ кæй ратдзысты, уый. Фæлæ йын денджыз #æ тæф йемæ хаста, æмæ зæронд лæгæн уый ныхмæ ницы йæ бон уыд. Æмбæрста, йæ хъуыд- даг æнцон кæй нæ рауайдзæн, уый. Дымгæ нæ сабыр кодта; чысыл фæцудыдта цæгат-хурскæсæны ’рдæм, æмæ уый уый нысан 121
кодта, æмæ нæ ныссабыр уыдзæн. Зæронд лæг дард каст, фæлæ нæдæр пæлæзтæ суыдта, нæ- дæр искæцы егъау науы фæздæг кæнæ науæц йæхи. Æрмæст-иу тæхгæ кæсæгтæ сгæпп код- той денджызæй, йæ бæлæгъы фындзæй фæй~ нæрдæм пæррæстытæ кодтой æмæ бур дардтой донхалы гæппæлтæ. Сæ кой нæ уыд, æгæрыстæ- мæй, мæргътæн дæр. Бæлæгъы фæстаг кæрон æрхуыссыд æмæ кæ~ фы дзидза аууылдта, цæмæй фæфидар уыдаид æмæ йæ фæллад суагътаид, афтæмæй ныр дыу- уæ сахаты ленк кæны, дыууæ акулæйæ фыц» цаджы куы ауыдта, уæдæй нырмæ. — Ай!—сирвæзт зæронд лæгæй ацы æнæахъуыу ды дзырд, раст зæгъгæйæ, дзырд нæ, фæлæ хъæр, лæгæн йæ армы тъæпæны зæгæл иннæрдæм куы ахиза æмæ йын æй хъæдмæ куы хуыдæуа, уæд дзы æнæбары чи сирвæза, ахæм хъæр. — Сга1апов!*—хъæрæй загъта зæронд лæг. Зæронд лæг федта, фыццаг ленкгæнæн базьг- ры фæстæ донæй кæй фæзынд дыккаг’базыр дæр,, æмæ уыцы сæггъуыз æртæтигъон ленкгæнæн базыртæй, раст афтæ йæ къæдзилы уæрæх: авнæлдæй дæр бамбæрста, фæтæнфындз акулæ- тæ кæй сты, уый. Акулæтæ бафипиайдтой кæфы тæф, сызнæт оты, æххормагæй бынтондæр сæрра. сты æмæ-иу куы фæиртæстысты, куы та-иу но- гæй сæмбæлдысты ацы хæрздæфыл. Фæлæ уыс- мæй-уысммæ æввахсæй-æввахсдæр кодтой. * Акулаейы мыггаг (испайнагау). 122
Зæронд лæг пæлæз ныффидар кодта, куыннæ- змæлыдаид, афтæ, æмæ баурæдта руль. Стæй систа, кард цы донвыййагыл бабаста, уый. Дон- выййаг систа хæрз æнцонæн, амæн æмæ йæ къух- тæ афтæ рыстысты, æмæ сын сæ рисс уромгæ дæр нæ кодта. Йæ къухы æнгуылдзтæ-иу æрбал- хъывта æмæ-иу сæ фæстæмæ араст кодта, цæ- мæй сæ иу чысыл уæддæр афæлтæра. Стæй фи- дардæр ныххæцыд донвыййагыл, цæмæй йæ къух- тæн æваст банкъарын кодтаид тыхджын рисс, цæмæй куыстæй мауал тлив кодтаиккой, æмæ йæм акулæтæ куыд æрбацæйленк кодтой, уы- мæ йæ цæст дардта. Федта сын сæ тъæпæн, уæрæхфындз сæртæ æмæ сæ ригуыдыртыл- ленкгæнæн стыр базыртæ — базыртæн цыма сæ кæрæттыл цыдæр урс мæскъ уыди, афтæ зын-- дысты. Уыдон уыдысты, цыдæриддæр акулæйы; мыггаг ис, уыдонæн сæ тæккæ цъаммардæр-- тæй—хæдмæлхор, æлгъаг тыхгæнджытæ. Æххор- магæй куы суынгæг вæййынц, уæд донвыййаг1 æмæ бæлæгъы рулыл дæр дæндагæй хæцынц. Ахæм акулæтæ уартджын хæфсыты къæхтæ дæр- атонынц, денджызы уæлдон сæ фынæйæ куы байафынц, уæд. Тынг куы сæххормаг вæййынц, уæд лæгмæ дæр лæбурынц денджызы, æгæрыс- тæмæй дзы кæсаджы туджы тæф кæнæ кæсаджы. сæты тæф куы нæ фæцæуы, уæддæр. — Ай!—сирвæзт та зæронд лæгæй. — Цæй, цы гæнæн ис, раленк кæнут ардæм, §а1апоз-тæ. 123..
. Æмæ йæм æрбаленк кодтой. Фæлæ йæм мако зкуыд æрбаленк кодта, адон æм афтæ не ’рбаленк кодтой. Сæ иу ферттывта æмæ бæлæгъы быи ам- -бæхст, æмæ кæфы фыд куыд тыдта, уый^зæронд лæг бафиппайдта. Иинæ йæ нарæг бур цæсты- •тæй æдзынæг каст зæронд лæгмæ, стæй уæрæх -схæлиу кодта йæ тъæпæн дзых æмæ кæфмæ фæ- лæбурдта, мако дзы кæм атыдта, раст уыцы ран. Зæронд лæг дзæбæх уыдта, акулæйæн йæ -сæггъуыз сæры кæхцæй йæ фæсонтæм цы хахх •уыди, йæ магъз йæ чъылдымыстæджимæ кæм иу кæны, уый, æмæ йæ раст уыцы тæккæ раи ныц- цавта донвыййагыл баст кардæй. Стæй кард сыф- тыдта æмæ та йын æй ныссагъта йæ гæдыйы ^хуызæн бур цæстыты. Акулæ йæ удисгæ ахауд кæфæй æмæ дæлæмæ абырыд, кæфæй цы хай ратыдта, уый ныхъхъуыргæйæ. * Иннæ акулæ уæддæр кæфы æхсыдта æмæ бæ- лæг’Ъ æнкъуыста. Зæронд лæг пæлæз суагъта æмæ бæлæгъы иуварсырдæм разилын кодта, цæ- мæй акулæйы бæлæгъы бынæй æттæмæ расайд- таид. Куы йæ федта, уæд æм бæлæгъы чъилæй æргуыбыр кодта æмæ йæ кардæй барæхуыста. Цæф сæмбæлд фæлмæн ран æмæ акулæйы бæз- джын царм карды мидæгау нæ бауагъта. Уы- цы цæфæй зæронд лæгæн канд йæ къухтæ нæ, *фæлæ йæ уæхсчытæ дæр фæрыстысты. Акулæ та^донæй йæ дзых схæлиу кодта æмæ та кæфмæ 424
фæлæбурдта. Уæд ын зæронд лæг фæцæф кодта йæ тъæпæн сæры тæккæ астæу. Кард фелвæста æмæ’та йæ раст уыцы ран асагъта. Акулæ йе- ’фсæртæ фидар нылхъывта æмæ уæддæр нæ фæхицæн кæфæй, æмæ йын зæронд лæг кардйæ- галиу цæсты ныссагъта. Акулæ уæддæр кæфæй нæ хаудта æмæ нæ. — Уæдæ афтæ кæныс? — загъта зæронд лæг- æмæ йын кард ныссагъта йæ магъз æмæ йæ ас- тæухъулты æхсæн. Ныр уый зын нæ уыди, æмæ зæронд лæг бан- къардта, йæ æргъиу ын кæй адзæнгæл кодта, уый. Зæронд лæг донвыййаг иннæрдæм разылд- та æмæ йæ акулæйы хъæлæсы батъыста, цæмæй йын йæ æууад æфсæртæ ахæлиу кодтаид. Ара- зил-базил кодта донвыййаг æмæ акулæ кæфæй куы абырыд, уæд загъта: — Цæугæ, цæугæ дæлæмæ, #а1апо. Цæугæ дæлæмæ æнæхъæн миля. Фен уым дæ хæлары. Æыиу, чи зоны, дæ мад уыди? Карды ком ныссæрфта æмæ донвыййаг бæлæ- гъы нывæрдта, стæй пæлæз сæвæрдта æмæ йæ дымгæ куы ныддымдта, уæд бæлæгъы бафтыдта,. раздæр кæцырдæм цыд, уыцырдæм. — Йæ цыппæрæм хайæ къаддæр мын нæ ахастой мæ кæфæн æмæ уымæй дæр йæ тæккæ хуыздæр фыдызгъæл,—хъæрæй загъта зæронд. лæг.—Фæлтау иууылдæр фыны хабæрттæ куы 125
уаиккой æмæ ацы кæф куынæ æрцахстаин. Фæсмойнаг у, кæф, хъуыддаг афтæ мæгуырау5 кæй рауад, уый. Зæронд лæг иыхъхъус, ыыр æй фæндыд кæф- мæ кæсын. Ныр йæ туг куы фæцыд æмæ доны ;куы ныуудæст, уæд йæ хуыз сси, айдæнтæ , кæмæй сæрдынц, ахæм ахорæны хуызæн, фæлæ ма йæ тæлмытæ уæддæр зындысты. — Афтæ дард цæуын мæ нæ хъуыд денджы- •зы,—загъта зæронд лæг. — Тынг фæсмон кæнын, кæф, хъуыддаг иу- уылдæр афтæ æвзæр кæй рауад, ууыл. Дæуæн .дæр æмæ мæнæн’дæр. „Мæнæуи, дзæгъæлы ма бад!—загъта зæронд лæг,—Фен-ма, кард донвыййагмæ цы бæндæнæй баст у, уый кæд нæ алыг. Стæй дæ къух дæр яербæстон кæн, амæн æмæ нырма куыст иæ -фæци". — Хорз нæу, мæ кардæп мын цыргъгæнæн дур кæй нæй, уый,—загъта зæронд лæг, дон-' выййаджы хæцæныл бæндæн куы федта, уæд.— Рахæссын мæ хъуыд мемæ цыргъгæнæн дур. , „Бирæ цыдæртæ дæ рахæссын хъуыд демæ, ^зæронд лæг, — ахъуыды^ кодта йæхинымæр.— Фæлæ нæ рахастай. Ныр афон нал у, цы дæм нæй, ууыл хъуыды кæыынæн. Ахъуыды кæн, , цы дæм ис, уыдонæй куыд сарæхсай, ууыл". • — Ех, нал фæразын дæ уынаффæтæй!—загъ- та хъæрæй. 126
Бæлæгъздахæн хъил йæ дæларм акодта æмæ йæ дыууæ къухы дæр доны фæтъыста. Бæлæгъ ленк кодта размæ. — Æрмæст хуыцау зоны, уыцы фæстаг акулæ кæфæй цас бахордта, уый,—загъта зæронд лæг.—Фæлæ кæф фæрогдæр. 4 Зæронд лæджы нæ фæндыд, кæфæн йæ хуылф кæй фегæмттæ, ууыл хъуыды кæнын. Зыдта, ^акулæ бæлæгъы куы змæлын кодта, уæд йæ алы банкъуыст дæр нысан’ кодта кæфæй æнæ- хъæн фæзгъæры атынд æмæ ныр денджызы цæуы шоссæ фæндаджы хуызæн уæрæх фæд- гæнгæ, дунейы цыдæриддæр акулæтæ ис, уыдо- нæн æнцон ссарæн фæд. „Ахæм кæф зымæг-зымæджы дæргъы лæджы ^хастаид..." Ууыл ма хъуыды кæн, зæронд лæг! Дæ фæллад суадз æмæ дæ къухтæ æрбæстон кæн, цæмæй ма дын цы баззад, уый бахъахъхъæнай. Мæ къухтæй цы туджы тæф Ц&уы, уыимæ абаргæйæ, ницы у, кæфæй доны цы тæф цæуы, уый. Æниу мæ къухтæй, гæзæ- мæйы йедтæмæ, туг дæр нæ цæуы. Арф лыгтæ не сты. Мæ галиу къухæй чысыл туг кæй уа- дзын, уый æххуыс у, цæмæй ма бандзыг уа. Цымæ цæуыл ахъуыды кæнон ныртæккæ? Ницæуыл. ’ Фæлтау мацæуыл хъуыды кæнон æмæ ног акулæтæм банхъæлмæ кæсон. Адæттæ яецæгдæр’фын куы уаиккой, уый мæ фæнды. 127
Æниу, æвæдза, цы бæрæг ис? Чи зоны, хъуыд- даг иууылдæр рæстырдæм разила". Æртыккаг акулæ æрбацыд иунæгæй, уый дæр уыди фæтæнфындз акулæты мыггагæй. Æрбацыди, хуы йæ тæгæнамæ куыд бацæуа, уыйау, æрмæст хуыйæн афтæ егъау нæу йæ хъæлæс, æмæ лæджы сæр уыцы иу лæбурдæн ачъепп кæна. Зæронд лæг æй бауагъта кæфмæ, стæй йын йæ сæр ныццавта донвыййагыл баст кардæй* Фæлæ акулæ фæстæмæ фæбырыд йæ фæсонтыл æмæ карды ком асаст. Зæронд лæг райста бæлæгъы руль. Кæсгæ дæр нæ фæкодта, акулæ цадæггай куыд дæлдон кодта, уымæ, гыццылæй-гыццылдæр кæнгæйæ, стæй бынтон ныггыццыл. Ахæм нывмæ кæддæ- риддæр цымыдис кодта. Фæлæ йæм иыр акас- таид, уый дæр æй нæ бафæндыд. —-Хæдз ма мæм ис,—загъта зæронд лæг,— Фæлæ уый цы пайда у? Ис ма мæм ноджы дыу- уæ донвыййаджы, бæлæгъы рулыздахæн мæ- цъис æмæ хъил. „Гъеныр мыл фæтых сты,—ахъуыды кодта зæронд лæг.—Акулæтæ хъилæй^марынмæ æгæр зæронд дæн æз. Фæлæ мæм цалынмæ донвый- йæгтæ, хъил æмæ рулыздахæн мæцъис уа, уæд- мæ^ семæ тох кæндзынæн". Йæ къухтæ та цæхджын доны атылдта. 128
Æризæр. Ллырдыгæй зынди æрмæст арв æмæ денджыз. Дымгæ раздæр куыд дымдта, уымæй фæтынгдæр æмæ зæроыд лæджы ныфс уыди, зæгъгæ, рæхджы фендзæн зæхх. — Бафæлладтæ, зæроыд лæг,—загъта йæхи- цæн.-~Дæ уд бафæллад. Акулæтæ та йæм фæлæбурдтой, æрмæст хур куы фæцæйныгуылд, уæд. Зæронд лæг федта, ныр кæф йæ фæстæ цы бæлвырд уæрæх фæд уагъта, уым акулæты сæггъуыз ленкгæнæн базыртæ куыд уайынц, уый. Уыдон уыцы фæдыл нæ дугъ кодтой, фæлæ фæрсæй-фæрстæм цыдысты комкоммæ бæлæгъмæ. Зæронд лæг фæуагъта рулыздахæн мæцъис, æрбаста пæлæз æмæ голладжы бынæй систа хъил—саст донвыййаджы лыггаг, дыууæ æмæ æрдæг футы дæргъæн. Хъилыл ын дзæбæх ныххæцæн уыди æрмæст йæ иу къухæй, йæ хæцæн кæм уыд, уым. Йæ рахиз къухæй йыл фидар ныххæцыд æмæ йæ къух атылдта, аку- лæтæ æрбацæуынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Аку- лæтæ уыдысты дыууæ, сæ дыууæ дæр §а1апо8-тæ. „Хъуамæ банхъæлмæ кæсон; цалынмæ фыццаг акулæ кæфыл ныффидар уа, уæдмæ,—ахъуыды кодта зæронд лæг.—Уæд ын ныццæвдзынæн йæ фындзы хъæл кæнæ комкоммæ йæ сæры къуы- дыр". 9* 129
Акулæтæ сæ дыууæ дæр æрбаленк кодтой иумæ, æмæ сæ æввахсдæр чи уыд, уый йæ дзых куы схæлиу кодта æмæ йæ дæндæгтæ кæфы æвзист фарсы куы ныссагъта, уæд зæ- ронд лæг бæрзонд фæхаста хъил æмæ дзы йæ тых, йæ бонæй ныццавта акулæйы тъæпæн сæр. Йæ къух бафиппайдта хъандзал фидардзйнад дæр æмæ стæджы æнæбасæтгæ фидардзинад дæр, æмæ та йын зæронд лæг йæ тых, йæ бо- нæй ныццавта йæ фындзы хъæл. Акулæ æрбы- рыд донмæ. Иннæ акулæйæн бантыст кæфæй атонын æмæ иуварс аленк кæнын, фæлæ та ныр фæстæмæ æрбаленк кодта, йæ дзых тынг ных- хæлиу кæнгæйæ. Цалынмæ кæфмæ фæлæбурдта æмæ дзы йæ дæндæгтæ ныссагъта, уæдмæ йын зæронд лæг йе ’фсæртыл федтакæфы уро фыды пискъуылтæ. Зæронд лæг хъил бæрзонд фæхас- та, фæлæ цæф сæмбæлд акулæйæн æрмæст йæ сæрыл. Акулæ йæм фæкаст æмæ кæфæй дзидза- йы кæрдих атыдта. Иуварс куы аленк кодта, цæмæй уыцы хай аныхъуырдтаид, уæд та йæ зæронд лæг ныццавта, фæлæ та цæф сымбæлди йæ сæры хъæбæры хъандзал æргъиу кæхцыл. — Рауай-ма, æввахсдæр-ма рауай, §а1апо,— загъта зæронд лæг. — Иу хатт ма рауай! Акулæ уайтагъд фæлæбурдта кæфмæ æмæ Ш ^æронд лæг ныццавта, куыддæр йе ’фсæртЫ 130
къæрцц фæцыд, афтæ. Цæвгæ йæ ныккодта, йæ тых, йæ бои цыдæриддæр уыди, уымæй, цы йæ бон уыд, уьшæй йæ хъил бæрзонддæр сисгæйæ. Ацы хатт цæф сæмбæлд сæры кæхцы стæджы бындурыл æмæ та йæ ноджы дæр ныццавта раст уыцы тæккæ ран. Акулæ ма онгмардæй кæфæй атыцта дзидзайы кæрдих æмæ донмæ абырыд. Зæронд лæг æнхъæлмæ каст, зæгъгæ, акулæ- тæ та ногæй куы фæзыной, фæлæ нал зындыс- ты. Отæй бафиппайдта, сæ иу бæлæгъы цур кæй зилдух кæны, уый. Иннæ акулæйы ленк- гæнæн базыр бынтондæр фæтар. „Æз уый æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ мæ бон бауыдзæн сæ амарын,—ахъуыды кодта зæронд лæг.—Раздæр бауыдаид мæ бон, фæлæ уæддæр сæ дыууæйы дæр тынг фæцæнкуылтæ кодтон æмæ ма ныр сæ чеппыл ой, уый зын зæгъæн у. Хъилыл мын дыууæ къухæй ныххæцæн куы уаид, уæд фыццаг акулæйы æнæмæнг амардта- ин., Æгæрыстæмæй ныртæккæ дæр, еныр цы кары дæн, уыцы кары дæр. Кæфмæ кæсын æй нæ фæндыд. Йе ’рдæг уым кæй нал уыд, уый зыдта. Цалынмæ акулæтимæ тох кодта, уæдмæ хур бынтондæр аныгуылд. — Рæхджы æрталынг уыдзæн,—загъта зæронд лæг. — Уæд, æвæццæгæн, Гаванæйы рухсыты суындзынæн. Кæд хурскæсæнырдæм æгæр ацыд- тæн, уæд та ног курорттæй искæцыйы рухсытæ фендзынæн. 131
„Деиджызы былæй тынг дард ои, уый гæнæн нæй,—ахъуыды кодта зæронд лæг.'—Æвæццæгæн; мæм уым æнæхъуаджы æхсайы сæ зæрдæ. Æниу’ мæм йæ зæрдæ æхсайдзæн æрмæст лæппуйæн. Фæлæ уый мæныл йæ зæрдæ дары! Гъе хистæр кæсагахсджытæн, æвæццæгæн, сæ зæрдæ æхса- йы. Æниу, æвæдза, æрыгæттæн дæр,—ахъуыды кодта зæронд лæг.—Хорз адæмы ’хсæн куы цæ- рын". Йæ зæрдæ нал тардта кæфимæ дзурын: тынг æй сцæнкуылгæ кодтой. Фæлæ йæм æваст æрцыд ног хъуыды. — Уæ, кæфы ’рдæг!—фæсидтæм зæронд лæг.— Мæ раздæры кæф! Фæсмон кæныи, денджызы афтæ дард кæй ацыдтæн, ууыл. Нæ дыууæйы дæр бабын кодтой. Фæлæ æз æмæ ды фæцагъ- там бирæ акулæтæ, нолжы фылдæр акулæты та уæнгсастытæ фæкодтам. Ды дзы дæ цæрæнбон- ты, æвæццæгæн, чысыл нæ фæцагътай, мæ зæ~ ронд кæф? Дзæгъæлы нæ уыдзæн дæ сæрыл æхсаргард. Йæ зæрдæмæ цыди кæфыл хъуыдытæ кæиын æмæ денджызы сæрибарæй куы ленк кæнид, уæд акулæйæн цы ми бакодтаид, ууыл. „Йæ æхсаргард ын ралыг кæнын хъуыд, цæ- мæй дзы акулæтимæ хæцыдаин",—ахъуыды код- та йæхинымæр. Фæлæ йæм уæд фæрæт нæ уьгд, ныр та йæм кард дæр нал ис. „Фæлæ мæм йæ 132
æхсаргард куы уыдаид, уæд æй донвыййаджы хъæдыл бабастаин æмæ æмбисонды хотых уы> даид! Гъе, уæд мах æцæгдæр тох самадтаиккам æмуд, æмзæрдæйæ! Фæлæ ныр цы хъуамæ ба- кæна лæг, æхсæвыгон куы ’рбацæуой, уæд? Цы бакæнын у мæ бон?" — Тох,—загъта зæронд лæг, — тох, цалынмæ удæгас он, уæдмæ. Фæлæ талынджы нæдæр рухсытæ зынд, нæ дæр рухсыты æхсид, уыди æрмæст дымгæ æмæ дымгæйæ дымст пæлæз. Уый адыл æм æвиппай- ды афтæ фæкаст, цыма амарди. Йæ къухтæ иумæ æрывæрдта æмæ йæ армы тъæпæнтæ кæ- рæдзиукл кæй аныдзæвдысты уый банкъардта. Къухтæ мард нæ уыдысты, йæ бон уыди фæрис- сын сæ кодтаид, æмæ сын иугæр фæриссын гæцæн уыд, уæд йæ бон уыд æмæ сæ царды æууæлтæ дæр рафæлгъуыдтаид, йæ къухы æн- гуылдзтæ атымбыл кæнгæйæ æмæ сæ фæстæмæ суæгъд кæнгæйæ. Бæлæгъы фæстаг кæроныл йæхи æркъул кодта æмæ бамбæрста, удæгас кæй у, уый. Уый йын загътой йæ уæхсчытæ. „Кæф куы ’рцахстон, уæд цы куывдтытæ ра- кæнынæй бавæрдтон ныфс, уыдон хъуамæ иууылдæр ракæион,—ахъуыды кодта зæронд лæг.—Фæлæ ныртæккæ æгæр фæллад дæн. Фæлтау голлаг райсон æмæ дзы мæ уæхсчытæ æрæмбæрзон". 133
Бæлæгъы фæстаг кæрон хуыссыд, афтæмæй здæхта бæлæгъ æмæ æнхъæлмæ каст, Гаванæйы рухсытæй арвыл æхсид кæд фæзындзæн, уымæ. „Йе ’рдæг ма мын баззад,—хъуыды кодта йæхи- нымæр.—Чи зоны, мæамонд скуса æмæ йын йæ фыцнаг хай уæддæр баласон нæхимæ. Боны- фæстагмæ хъуамæ мæ амонд æрзила!.. Нæй,-~ загъта йæхицæн.—Ды дæ амонд дæхæдæг фæ- сырдтай, денджызы афтæ дард куы бацыдтæ, уæд". „Дзæгъæлы ма дзæнгæда цæгъд, зæронд лæг!—йæхæдæг йæ дзырд фæурæдта.—Ма ба- фынæй у, бæлæгъы рулмæ дæ хъус дар. Ныр- ма гæнæн ис æмæ дæм амонд æркæса’Ч —-Мæхицæн иу чысыл амонд балхæнин, кæд искуы уæййаг ис, уæд,—загъта зæронд лæг. „Цæмæй балхæндзынæ?—бафарста йæхи.—Цы хæдз дæ фесæфт, цы кард дын асаст æмæ дын цы къухтæ фæсахъатджын сты, уыдонæй амонд балхæндзынæ? Чи йын цы зоны! Денджызы цы цыппар æмæ цыппарыссæдз боны арвыстай, уыдонæй дæ куы фæндыд амонд балхæнын. Æмæ дын, гыццыл ма бахъæуа, уæй дæр ракæной... Алы ницæйаг хъуыддагыл хъуыды нæ хъæуы. Лæгмæ амонд алы хуызы æрбацæуы, чи йын цы зоны? Æз, раст зæгъгæйæ, иу чысыл мæхицæн амонд райсин цыфæнды хуызы дæр æмæ мæ цы- 134
дæриддæр ракуриккой, уый йьтл бафидин. Мæн фæнды Гаванæйы рухсыты æхсид фенын;-~ахъ- уыды кодта зæронд лæг. — Æвиппайды дæ æгæр бирæ цыдæртæ хъæуы, зæронд лæг. Фæлæ мæ ныртæккæ фæнды Гаванæйы рухсытæ фенын— æндæр ницы". Бафæлвæрдта бæлæгъы рулы цур дзæбæхдæр æрбадын, æмæ йæ рисс кæй фæтынгдæр, уы- мæ гæсгæ бамбæрста, æцæгдæр удæгас кæй у, уый. Федта горæты рухсыты æхсид, изæры дæс са- хаты бæрц куы сси, уæд. Рухсыты æхсид æм фыццаг фæкаст, мæйы скасты агъоммæ арвыл цы дыдзы æхсид вæййы, ахæм. Стæй рухсытæ бæлвырд сзрдндысты океаны фæлмы фале, дымгæ тыхджынæй-тыхджындæр куы кодта, уæд бæр- зонд уылæн кæуылты тардта, уыцы тæлмы фа- ле. Зæронд лæг йæ ных скодта уыцы рухсытæм æмее æнхъæл уыди, зæгъгæ, ныр тагъд бахиз- дзæн Гольфстриммæ, тынг тагъд. „Уый дын иу æмæ дыууæ,—хъуыды кодта зæ- ронд лæг. —Кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæбур- дзысты та мæм. Фæлæ сын афтидарм лæг талын- джы щл хъуамæ ракæна?" Йæ буар иууылддæр рысти, дыз-дыз кодта, æх- сæвы уазал ын ноджы тынгдæр кодта йæ хъæд- гæмтты æмаа йæ фыдæфхæрд къухты æмæ къæх- ты рисс. „Ныфс мæ ис æмæ мæ хæцын нал ба- 135
хъæудзæн, —ахъуыды кодта йæхинымæр.—Тæ- худы, хæцын мæ куы нæ уал бахъæуид!" Фæлæ æмбисæхсæв хæцыд акулæтимæ æмæ ацы хатт зыдта, йæ тох æдззслгъæды кæй у, уый. Фæлæбурдтой йæм æнæхъæн балæй, уый та сын уыдта, сæ ленкгæнæн базыртæй донц цы тæлмытæ арæзтой, æрмæст уыдон, æмæ сæ, кæф- мæ лæбургæйæ, цы рухс цыди, уый. Хъилæй сын сæ сæртæ цавта æмæ се ’фсæртæ куыд хъыррыст кодтой, стæй-иу бынæй кæфмæ куы фæлæбурдтой, уæд-иу бæлæгъ куыд нынкъуыст, уыдæттæ хъуыста. Удаистæй цавта хъилæй, цы нæ уыдта, ахæм цыдæр, æрмæот хъусгæ кæй фæкодтаид æмæ уырзæй цы басгæрстаид, ахæм цыдæр, æмæ æвиштайды банкъардта, йæ хъил йæхимæ кæй нал уыд, уый. Уæд бæлæгъы рулздахæн мæцъис йæ бына- тæй срæдывта, йæ дыууæ къухæй йыл фидар ныххæцыд æмæ дзы йæ алфæмблай дæрæн код- та. Фæлæ уæдмæ акулæтæ уыдысты бæлæгъы фындзы тæккæ цур æмæ иугай-дыгай, куы та иу- уылдæр иумæ лæбурдтой кæфмæ æмæ йæ фæз- гъæргай скъæфтой. Рацæйздæхтысты та аку- лæтæ, цæмæй та фæлæбурдтаиккой сæ амæт- тагмæ. Уалынмæ акулæтæй иу баленк кодта кæфæн йæ тæккæ сæрмæ æмæ ма уæд зæроцд лæгæн цы бамбарын хъуыд, хъуыддаг иууылдæр кæй фæ- 136
ци, уый. Рулздахæн мæцъисæй фæцæф кодта акулæйы фындз, кæфы сæры фидар стджыты йæ дæндæгтæ кæм ныссагъдысты, уым. Ныдз- дзæхст æй кодта иу хатт, дыккаг хатт, æртык- кат хатт. Зæронд лæг фехъуыста, хъилæн йæ къæс-къæс куыд ссыд æмæ куыд афаст, уый æмæ та йын йæ хæцæнтæй ныкъæрцц кодта аку- лæйы. Зæронд лæг бамбæрста, хъилы саст цыргъ кæй уыд æмæ акулæйы кæй нынныхст, уый, æмæ та акулæйы ноджыдæр ныццавта. Уæд аку- лæ феуæгъд кодта кæфы æмæ дарддæр аленк кодта. Уый уыди, цы акулæты æрдонг æм фæ- лæбурдта, уыдонæй фæстаг акулæ. Ницыуал сын баззад кæфæй хæринаг. Æрмæст-ма тыхулæфт кодта зæронд лæг æмæ йæ дзыхы æнкъардта цыдæр æнахуыр ад, Уый уыди адджын ад, æрхуыйы адмæ чи здæхт, ахæм, æмæ иу уысмы бæрц фæтарст. Фæлæ уалын- мæ йе ’муд æрцыд. Ату кодта денджызмæ æмæ загъта: — Хæрут, §а1аш>8-тæ, уæ тæнтæ атонæнт! Уæ фыны фенут, цыма лæг амардтат. Зæронд лæг зыдта, ныр бынтондæр састы бы- наты кæй баззад, уый. Æрбаздæхт бæлæгъы фæстаг кæронмæ æмæ рахатыдта, рулздахæн: мæцъисы саст рулы сыфцы кæй цæуы æмæ уы- мæй дæр æппыннæйы бæсты бæлæгъæн здахæн кæй ис, уый. 137
Голлаг йæ уæхсчытыл æрыппæрста æмæ бæ- лæгъы раст фæндагыл бафтыдта. Ныр бæлæгъ уыди рог, зæронд лæг ницыуалдæр хъуыды код- та, ницыдæр æнкъаргæ. Ныр ын хъауджыдæр ницыуал уыд, æрмæст тагъддæр æмæ дзæбæх- дæр æрхæццæ кæнæд йæ бæлæгъ йæ райгуырæн дендяшзы былмæ. Æнæфсис бынхортæ фæлхортæм куыд фæлæ- бурой, афтæ та акулæтæ æхсæвы фæлæбурдтой кæфы стæгдармæ. Зæронд лæг сæм йæ хъус нал æрдардта. Ницæмæ уал каст йæ бæлæгъы йед- тæмæ. Æрмæст æнкъардта,- бæлæгъ ныр, кæфы стыр уа^з ыл фæстæмæ куынæ уал хæцы, уæд куыд æнцон æмæ сæрибарæй цыд, уый. „Хорз бæлæгъ у, — ахъуыды кодта зæронд лæг. — Рулздахæн мæцъис куы нæ нымайæм, уæц æнæхъæн у. Æмæ рулздахæн мæцъис та зын ссарæн нæу". Зæронд лæг æнкъардта, хъарм гуылфæнмæ кæй бацыд, уый, æмæ йæм зындысты денджызы былгæрон хъæутæ. Кæм и, уый зыдта, æмæ йын ныр йæ хæдзармæ бахæццæ уын æппындæр зын нал уыди. „Дымгæ—гъе, уый нæ иузæрдион хæлар у,— ахъуыды кодта зæронд лæг, стæй-ма йæ ныхас- мæ бафтыдта:—Æниу алы хатт нæ. Егъау ден- джыз дæр йæ тæккæдзаг у нæ хæлæрттæй дæр æмæ не знæгтæй дæр. Сынтæг та.,. — хъуыды 138
кодта зæронд лæг,~ сынтæг—-мæ хæлар. Сынтæг, хуымæтæджы сынтæг. Оынтæджы æрулæфын-- уый стыр хъуыддаг у. Кæнæ лæг састы бына- ты куыбаззайы, уæд ын к’уыд æнцон свæййы,— ахъуыды кодта зæронд лæг.—Æз нæ,зыдтон, уый афтæ æнцон у, уый... Чи дæ басаота, зæронд лæг,—бафарста йæхи йæхæдæг.—Ничи, — дзуапп радта зæронд лæг. — Æрмæст денджызы æгæр дард ацыдтæн". Къаннæг донбакæлæнмæ куы фæцæйцыд, уæд Террасы цырæгътæ нал сыгъдысты, æмæ зæронд лæг бамбæрста, адæм иууылдæр фыыæй кæнынц, уый. Дымгæ æппынæдзух тынгæй-тынгдæр код- та æмæ ныр стыхджын. Фæлæ наулæууæны са- быр уыд, æмæ зæронд лæг æрынцад хуыры тæл- мы цур къæдзæхрæбын. Æххуысгæнæг ын ничи уыд, æмæ цы гæнæн уыд, уымæй æввахсдæр бас- къæрдта. Отæй бæлæгъæй рахызт æмæ йæ къæ- дзæхыл бабаста. Бæлæгъхъил сыфтыдта, пæлæз ыл стыхта, ба- баста йæ, йæ уæхскмæ йæ систа æмæ уæлæмæ араст. Гъе, уæд бамбæрста, гъе, куыд тынг ба- фæллад, уый. Иу уысм фæлæууыд, фæстæмæ фæкаст æмæ уынджы фанары рухсмæ федта, кæ- фы егъау къæдзил бæлæгъы фæстаг кæронæй куыд бæрзонддæр у, уый. Федта йын йæ рагъы- стæджы бæгънæг урс хахх æмæ йæ сæры тарбын аууон размæ æвæрд æхсаргардимæ. 139
Зæронд лæг та хилын райдыдта уæлæмæ. Хæр- дæй куы схызт, уæд æрхаудта æмæ чыеыл алæу- уыд, бæлæгъхъил дæр йе уæхскыл. Стæй афæл- вæрдта сыстын, фæлæ уый æнцон нæ уыд æмæ афтæ бадгæйæ баззад æмæ фæндагмæ каст. Иу гæды йæ хъуыддæгты фæдыл разгъордта. Зæ- ронд лæг бирæ фæкаст йæ фæдыл, стæй та кæ- сын байдыта афтид фæндагмæ. Æппынæрæджиау бæлæгъхъил йæ уæхскæй зæхмæ аппæрста æмæ сыстад. Стæй систа бæ- лæгъхъил, йæ уæхскыл та йæ сывæрдта æмæ фæндаг-фæндаг уæлæмæ араст. Фондз хатты йæ фæллад суагъта, далынмæ йæ къæсмæ бахæццæ, уæдмæ. Хæдзармæ бацыд æмæ бæлæгъхъил къулыл банцой кодта. Талынджы ссардта авджыдзаг дон æмæ дзы банызта. Схуыссыд сынтæджы. Хъæц- цул сивæзта йе уæхсчытæм, бамбæрзта дзы йæ фæсонтæ æмæ йæ къæхтæ, йæ цæсгом фæсагъта газеты,^ йæ армы тъæпæнтæ уæлæмæ, афтæмæй йæ къухтæ адаргъ кодта æмæ бафынæй. Лæппу райсомæй къæсмæ куы бакаст, уæд зæронд лæг уыд фынæй. Афтæ тыхджын дымд- та, æмæ бæлæгътæ денджызмæ нæ ацыдысты. Уымæ гæсгæ лæппу æгæр афынæй, стæй алы райсом куыд цыд, афтæ бацыд зæронд лæджы къæсмæ. Лæппу рафæлгъуыдта, зæронд лæг удæ- гас кæй у, уый, фæлæ йын стæй йæ къухтæм 140
æркаст æмæ скуыдта. Цадæггай рацыд къæсæй, цæмæй йын кофе æрхастаид, фæндагыл иууыл- дæр цыд кæугæ. Бирæ кæсагахсджытæ æрбамбырд бæлæгъы алыварс æмæ се ’ппæт дæр кастысты, бæлæгъ- мæ баст цы уыд, уымæ. Сæ иу йæ хæлафы къæх- тæ уæлæмæ стылдта, афтæмæй доны лæууыд æмæ кæфы стæгдар бæндæнæй барста. Лæппу сæм нæ ныццыд. Уый размæ дзы уы- ди æмæ йын кæсагахсджытæй иу баиыфсæвæрд- та, зæгъгæ, бæлæгъмæ йæ хъус фæдардзæн. — Цы хуызæн у?—кæсагахсджытæй иу схъæр кодта лæппумæ. — Фынæй кæны, — ныдздзырдта йæм лæппу. Кæугæ кæй кодта, уый уыдтой, фæлæ йæ ницæ- мæ дардтой.— Хъыг дарын æй нæ хъæуы. — Йæ фындзæй йæ къæдзилмæ уыди æстдæс футы!—схъæр æм кодта, кæфы чи барста, уыцы кæсагахсæг. — Уымæй цухдæр нæ уыдаид,— загъта лæппу. Бацыд Террасмæ æмæ ракуырдта банкæйы дзаг кофе: — Радтут мын тæвд кофе, æхсыр æмæ йыл сæ- кæр фылдæр куыд уа, афтæ. — йсты-ма ахæсс ноджыдæр. —■ Нæ хъæуы. Уый фæстæ фендзынæн, хæрын ын цы ’мбæла, уый. — Ех, цы кæф уыди, цы! — загъта рестораны 141
хицау.—Æмбал кæмæн нæй, ахæм кæф. Фæлæ знон ды дæр дыууæ хорз кæфы куы ’рхастай. — Дæлдзæх фонт мæ кæфтæ!—загъта лæппу æмæ та скуыдта. — Исты аназдзынæ?—бафарста йæ рестораны хицау. -Нæ хъæуы,—-дзуапп радта лæппу. — Зæгъ сый, цæмæй Сантьягойы ма хъыгдарой. Æз ма дæм æрбауайдзынæн. — Зæгъ-иу ын, тынг, зæгъ, фæмаст кодтон. — Бузныг,—загъта лæппу. Лæппу хæдзармæ хъарм кофе схаста банкæйы, æмæ зæронд лæг цалынмæ райхъал, уæдмæ йæ цуры бадт. Иу хатт лæппумæ афтæ фæкаст, цыма зæронд лæг райхъал кæны, фæлæ та тарф фынæй баци, æмæ лæппу фæндаджы иннæ фарс- мæ сыхæгтæм ацыд иу чысыл сугтæ æфстау курæг, цæмæй кофе схъарм кодтаид. Уалынмæ зæронд лæг райхъал. — Хуысгæ кæн, ма сыст,—загъта йын лæп- пу.—Мæнæ бацым!—кофе йын æркодта агуывзæ- йы. Зæронд лæг лæппуйæ райста агуывзæ æмæ бацымдта кофе. — Бадомдтой мæ, Манолин,—загъта зæронд лæг.—Басастой мæ. — Фæлæ дыл йæхæдæг миййаг куы нæ фæтых ис! Кæф дæ куы нæ басаста! 142
— Нæ, йæхæдæг мæ нæ басаста. Уымæй раст зæгъыс. Уый фæстæдæр рауад. — Подрико мын баныфсæвæрдта бæлæгъ æмæ мигæнæнтæм йæ хъус фæдарынæй. Цы кæнинаг дæ кæфы сæрæн? — Педрико йæ ныллыгтæ кæнæд кæсагахсæн хызтæн кæфсайæн цъенгуырты бæсты. — Æхсаргард та? — Кæд дæ фæнды, уæд æй дæхицæн ахæос зæрдыл дарынæн. — Хорз,—загъта лæппу.— Ныр та аныхас кæ- нæм, дарддæр нæ цы ми кæнын хъæуы, ууыл. — Агуырдтой мæ? — Кæй зæгъын æй хъæуы. Денджызы был хъахъхъæнджытæ дæр æмæ хæдтæхджытæ дæр. — Океан стыр у, бæлæгъ та хæрз чысыл, лæг æй фиппайгæ дæр нæ фæкæндзæн,—загъта зæ- ронд лæг æмæ банкъардта, лæгæн йæхицæй дарддæр æмæ денджызы йедтæмæ кæимæ дзура, уый йын куы уа, уæд ын куыд æхсызгон у, уый.— Мысыдтæн дæ,—загъта зæронд лæг.—Ис- ты ’рцахстай. — Иу кæф фыццаг бон. Иу-~дыккаг бон, дыууæ —æртыккаг бон. — Иттæг хорз! — Ныр та иумæ цæудзыстæм кæсагахсынмæ. — Нæ. Æз æнамонд дæн. Мæ амонд нал кусы. — Уый мур дæр ницы давы!—загъта лæппу,— Æз дын сараздзынæн амонд. 143
— Науæд дæ мад æмæ дæ фыд цы зæгъдзыс- ты? — Ницы кæны. Знои дыууæ кæфы куы ’рцахс- тон. Фæлæ ныр хъуамæ иумæ ахсæм кæфтæ, амæн æмæ мæн нырма бирæ цыдæртæ базонын хъæуы. — Хъуамæ хорз хæдз ссарæм æмæ йæ кæддæ- риддæр немæ хæссæм. Кард ын саразæн ис зæ- ронд „форды" рессорæй. Цыргъ æй скæндзыс- тæм Гуанабакомæ. Хъуамæ тынг цыргъ уа, фæ- лæ йæ сæрын нæ хъæуы, цæмæй’ма асæтта. Мæ кард быытон ныцъцъæлтæ. — Æз дын сараздзынæн ног кард æмæ сцыргъ кæндзынæн рессорæ. Цымæ ма тыхджын Ъгиза* цал боны уыдзæн? — Чи зоны иу-æртæ боны. Чи зоны ноджыдæр фылдæр. — Уæдмæ æппæт дæр срæвдз кæндзыстæм,— загъта лæппу.— Ды уал дæ къухтæ сдзæбæх кæн. ~-Æз зонын, цы сын хъæуы, уый. Дысон цы- дæр æнахуыр тæнгъæд мæ дзыхæй скалд, æмæ мæм ас|тæ фæкаст, цыма мæ риуы исты ас- къуыд. — Базил уымæ дæр,—загъта лæппу.—Схуысс, зæронд лæг, æз дын сыгъдæг хæдон æрбахæс- сон. Æмæ исты ахæринаг дæр. — Исты газет-иу рахæсс, ам цы бонты нæ * Денджызы былгæрон дымгæ (испайнагау). 144
уыдтæн, уыцы бонты газеттæ,—загъта йын зæ- ронд лæг. — Ды хъуамæ тагъд адзæбæх уай, амæн æмæ æз нырма бирæ цыдæртæ хъуамæ базонон дæ- уæй, дæуæн ма дæ боы дзæвгар у æмæ мын ду- нейы æппæт дæр бацамонай. Тынг дын рысти? — Тьшг, —загъта зæронд лæг. — Æз дын æрбахæсдзынæн хæринаг æмæ га- зет. Дæ фæллад суадз, зæронд лæг. Афтиагæй дын исты сæрдæн райсдзынæн дæ къухтæн. . — Ма дæ ферох уæд—Педрикойæн зæгъ >æмæ кæфы сæр йæхицæн ахæссæд. — Нæ мæ ферох уыдзæн. Лæппу къæсæй куы рахызт æмæ зæронд хуыр- джын фæндагыл дæлæмæ куы фæцæйцыд, уæд та скуыдта. Уыцы бон Террасмæ æрцыд туристты къорд. Хурскæсæйнаг дымгæ донбакæлæны раз бæрзонд уылæнтæ куыд сыстын кæны, уымæ кæсгæйæ, туристтæй иу сылгоймагæн бæгæныйы афтид тасмачъийы къоппыты æмæ медузæты мæрдты ’хсæн йæ цæст схæцыд урс-урсид даргъ ра- гъыстæгыл, йæ кæрон æнæхъуаджы егъау къæ- дзил, сæ уæлæ сисынц уылæнтæ æмæ , йæ узæ- гау кæнынц. — Уый циу?—бафарста афицианты, стыр кæ- фы дæргъæй-дæргъмæ рагъыстæгмæ амонгæйæ, 10* Н5
ныр бронæй уæлдай ницыуал у æмæ йæ рæх- джы денджызы уылæнтæ ахæсдзысты. — Тйшгоп, — загъта афициант. — Акулæтæ...— Афицианты фæндыд, цæмæй йын хъуыддаг сæ- рæй бынмæ бамбарын кодтаид. — Акулæтæн ахæм рæсугъд, хæрзаив, æрдын- гонд къæдзилтæ вæййы, уый нæ зыдтон! — Уæдæ, уæдæ, æз дæр æй нæ зыдтон,—йемæ сразы йе ’мбæлццон. Зæронд лæг та фыиæй кодта уæле, йæ къæсы. Йæ цæсгом дæлгоммæ, афтæмæй фынæй кодта зæронд лæг, æмæ йæ лæппу хъахъхъæдта. Зæ- ронд лæг йæ фыны уыдта домбæйттæ. 1952.
ЭРНЕСТ ХЕМИНГУЭЙ СТАРИК И МОРЕ (на осетинском языке) Книжный сектор Юго-Осетинского издательства Цхинвали — 1966 Редактор Вл. М. Гаглоев Художник В. Г. Цховребов Худредактор А. Д. Ванеев Техредактор Н. С. Сиукаев Корректор А. И. Техов Сдано в набор 17. XII. 1965 г. Подписано в печати 14. П. 1966 г. Заказ № 1515. Изд. листов 4,6. Печат. листов 5,5* Формат бумаги 79х108]/з2См. Тираж 1000 экз. Цена 17 кот Цхинвальская типография Главполиграфпрома, г. Цхинвали, ул. Московская, 5.