Text
                    5ЕСТАУТ01 ГИУÆРГИ
ÆХСÆВ
ÆЛ1Æ
г он
ХУССАР ИРЫСТОНЫ РАУАГЪДАДЫ ЧИНГУЫТЫ
СЕКТОР (
ЦХИНВ А Л — 1966


Цалдæр чиныдоюы автор у Бестауты Гиуæрги. Ацы æмбырдгондмæ бацыдысты, поэт фæстаг азты кæй ныф- фыста, уыцы æмдзæвгæтæ. Лвтор йæ уацмысты æвди- сы советон адæймæгты патриотшсон хъуыддæгтæ, фæ- сивæды удыхъæды рæсугъд миниуджытæ, сæ бæллицтæ, сыгъдæг уарзондзинады æнкъарæнтæ. Ацы чиныг «Æхсæв æмæ боны» бæрæгæй зыны поэты æрмдзæф, æмдзæзгæтæ сты бæрзонд æмвæзадыл фыст, нуарджын, æмæ зæгъæн ис, ирон чиныгкæсджытæ сæ стыр цымыдисæй кæй бакæсдзысты.
СТАЙ ЗООПАРЧЫ Парк—æгуыппæг, æнтæфы нынкъард. Никуы змæлди, никуы ’ртæхдзырæгътæ. Залмы сыфтæ — онгуагъд æмæ калд, Зæххыл хуры бур тынтæ — дыдæгътæ. Сæрд цыма мæлæтæн судзы буд,— Бæстæ бандзыг, нал хъуысы сыбыртт дæр. Уæлдæф у мæрдонæдзæм, æнуд. Аууæтты хуыссынц цъынддзаст æрсытæ. Сырддонмæ йæ сабиимæ кæд Иуыстæм хатт иу исчи фæзыны, Бахъæуы къæпдзыхæй лæугæ уæд Саби бур гæрæм сырдмæ кæсыныл, «Карз ыстай» — æфсæн æмбондыл фыст. Нæ, уый кæд йæ бур быдыргъ у ’мпылдæй. Уæнгтæ — уагъд, æндон цæстытæ — хуыст, -» Сырд, бызгъуырау, фæскъæсæр тымбылтæ. 3
Нæ, зынгасй зынг зæгъæн нæй хуыстæй, — Хъуамæ уый цæхæр тыфылтæ калид! Арвæрттывд у, уадтымыгъ у стай, — Ахстæй йын ыстай ысхонæн нали... — Уссурийы донбылгæрон рæзт, — Æрдзы знæт, тызмæг тыхты сырдвидыц. Царды монц, æнæнцойдзинад, хæст Уым æдзух йæ тугдадзинты ’хсидынц. Хъамылы йæ иу тызмæг фæкаст... Ферттывта йæ цæстыты рухс уæртæ, — Электронау атахти фыдтас Уæлдæфы дыз-дызгæнгæ фæйнæрдæм. Фестъæлфыд æгуыппæг æрдз æваст; Алфæмблай ызмæлд ыссис æгасæй: Сырдты знæт лыгъд, мæргъты тахт, цъæхахст, Ризынц дуртæ, бæлæстæ дæр тасæй. Ауыдта йæ фыдгулы — тæррæст! Фатæрттигъау йе ссыр урс фæдардта. Фен ыстайæн хъамылы йæ хæст, Уым у стай, гъе, уым судзы цъæх артау... Ам æрмæстдæр й ’афтид буар хуыссы, — Дардмæ хаст йæ удæнцой хæцæнтæй Æмæ йын йæ бырынчъы тъыссы Горæттаг тæппуд саби къæцæлтæ. 4
ÆХСÆВ ÆМÆ БОН Бон æризæри Цыма ’рбауасыд халон, — Абадт зæрдæйыл аууон; Атыхст дунейыл талынг фыдфынау. Халон, армау, йæ сау базыр дары Сусæг фыдмитыл. Кард фæкæны фæлурс æрттывд тары, Уыг хъуынадур зæппадзæй æвирхъау фыдбылызтæм сидьь Тарæй бирæгъы фосфор цæстытæ Удмæ уазал, мæрдоних хæссынц, — Раст дыууæхстоны дзыхтау кæсынц. Тары фæндагыл къæхты хъæр ризы; — Фæсфæд арф ком къæпдзыхæй лæууы... Фæлæ талынг тæссаг гæв-гæв сисы. Зардæй раивы дæтты кæуын. Уый æрбады фидыды цъæх бæлуæн Тарæй рухсы ’хсæн базыртыгъдæй, Сысты сау халон, —* 5
Нæй йын ныхмæлæууæн, Зæххæй сисы йæ тугмонц ныхтæ. Бон ыскæсæны уадындз ныццæгъды; Бæстыл рахизырдыгæй ысуасы Æмæ рухстаугæ сытындзы хæхтыл Царды фарнхæссæг хиуа йæ базыр. 6
* # * Гъæйтт! — къæппæгæй лыгъд цæргæсау, Цырд мæ базыртæ тындзын, Тарстæй ме знонмæ фæлгæсын, Райгæ райсоммæ тындзын. Рансом—хохрындз мæм иннæбон Талынг сæрсæфæн кæсдзæн; Ме ’знаг—сæрсæфæн æнæбын, Хох мын удæнцой хæсдзæн. Иунæг размæтахт—мæ катай, — Макуы ’рулæфон зæххыл Æмæ мигъты тары, фатау, Æз цæхæркалгæ тæхын. Фæсрагъ хур æрттивгæ стулы, — Æз йæ фембæлдмæ тындзын, Ивгъуыд тар бонтæй мæ суры, Мигъау, талынджы бындзыг. 7
Искуы къæбыртыл фæкалдтæн, — Уый мыл атыхсдзæн æваст, Фæлæ ме ’нæрцæф уд дарддæр Хурмæ уайдзæнис æмраст. 8
УАЛДЗЫГОН ÆХСÆВ Тар æхсæв... Ыскъæфы Уалдзæджы тæф дымгæ, Цыма ’хсынцъы дидинæг Рафтыдта мæ фындзы бын. Уæлдæф, сау хъæдабæйау, — Хъарм æмæ фæлмæнвæччи. Уддзæф мыл йæ пух къæдзил Асæрфы гæдыйау. Тар — æдзæм, æхцон æдзæм. Бæстæ — сабыр, сабыр... Цыма цъыфы ’взист цæфхад, — Мæй ныссагъди мигъты. Æз лæууын уæлвонг рыидзыл, Горæтмæ фæлгæсын, Дæлæ ’рхауди Чъребайыл Рухсдзыгъуыр æрвуаццаг... 9
Афтæ ’хцон у ацы ’хсæв, Афтæ хъарм мæ удæн, — Уалдзæг нæ, — мæ фыццаг уарз'1 Кæд æрцыд йæ хуызы... Тар æхсæв.., Сывæллонау Мæн уырны цæмæндæр, — Талынджы бæзджын уылæн Иемыдзаг у рухсæй, — Ахæц ыл æмбæрзæнау, — Арвырон нырттивдзæн, Ракæлдзæни зæрдæйыл Дидинджыты рухс зæй. 10
* * * Зонын, нæй мæ фыстыты бæркад — Ме ’нæрцæф уæлтæмæны цæхæры... Уый, мæ зæрдæ фегом вæййы хатт, Арвы дуарау, рифмæйы дæгъæлæй. (Афтæ ’ргом ысирвæзы ныхас Арæх тарф хъуыдыты цыд лæгæй дæр). Чи хаты мæ хъуырдухæн, мæ маст, Гъе, — цы цины денджызы лæгæрдын! Бæрц — мæ фыст, ыстыр — мæ цин, мæ хъыг Æмæ нæй мæнæн æрхуыст, æрфынæй. Ме стих у нæлгоймаджы цæссыг, Уый тæдзы мæ зæрдæйы рæбынæй. Иунæг уысм нæ карз, рæстаг æнус Рацыдис йæхиуыл сайдæй, — федтон, — Ахуыссы цырагъхъуыдыйы рухс, Цагъд базыртау акæлынц мæ фæндтæ. Ферттывта рæстдзинады фæринк — Дуг рæстæйæфхæрд лæджы рæвдауы, — п
Уæд мæ удæй æз цæгъдын зæрин, Уæд мæ бæллиц дидинæг æфтауы... Чи федта мæ зæрдæйæн йæ хуыз? Чи дзурдзæн рæстæвзарæн быцæуы, — Электры тыхæндыгъд телау æз А-зæххыл дыздызгæнгæ куыд цæуыи?] 12
* * * Мигътæ се ’зды базыртæ ныттыгътой, Арвæмдынг æрцыдысты ныллæг, Хæхты цыма сыджыты нынтъыхтой, — Йе ’мбæрц сыстын нал фæразы лæг. Зайæгхалæй никуы змæлы иу тау, Æрдз — æмыр, æгъуыз; цымæ цы ’рцыд? Къутæртыл, сыгъзæринпакъуы цъиутау, Нал бадынц сырх дидинджытæ, цы?! Æз тыхæндыгъд зарæджы зынг зæл дæн, Дуне мæ ныццарауын хъæуы Æмæ зæххæй мигъты ’хсæн мæ зæрдæ, Бомбæйау, ныггуыппæввонг лæууы! 18
* * * Дæлæ хъæддаг цъиу уазалы басыд, Зилы цæдты хæлцагур, дзыназы. Цыма тары дыдзырухс цырæгътæ, — Доны ризынц йæ чысыл сырх къæхтæ. Æрдз, цæмæн кæныс хъулон ми ахæм: Ды куы схай кодтай хъаны цард махæн, Уæд æнæбон, тæригъæдтаг маргъæн Цард куыд радтай уыргæфтыдтаг уаргъæн?. Æз мæ уды дуар байтыгътон цъиуæн, — Æмæ байдзаг йæ пæр-пæр, йæ уастæй, Æмæ йе’ нкъард, зæрдæхалæн ниуын Айстрн мемæ фæндаггаджы мастæн. 14
С О Н Е Т Галы богъау раст тæрхонмæ тоны Абон дæр мæ зæрдæйæ дæ ми. Бабыхсын рæстæй æфхæрд, — кæй бон уыд, Удыхъæд æндонвидар кæми?! Тымыгъы нæ уыны лæг йæ развæд, — Ырхы ’рдæм ныццух-мух кæны хатт... Хахуыртæ дыл кодтаиккой цас фæнды, — Азым дæм рæсттæрхонæй нæ хауд! Зонын æй, мæ уаргъы хай дæр хастай, Буц хæлар, кæцæй кæдæм, кæцæй! Ирмæ ’рцыдтæ, уый тыххæй къæдзæй — Йе ’нувыд фырт, дард бæстæйы хастæй Æмæ фарсты карз нысанау, мæнæ, Не ’ппæты раз ныр лæууыс æдзæмæй. 15
* * * Абондæргъы мæн æвдæрзы низ, Артау судзын абондæргъы тæвды; Ме ’рдхордыл, дам, карз хæцгæйау ис Æмæ музæ иал цæуы мæ тæфтыл... Гъе, уæууай, мæ райстбавæрд лымæн, Тохы бон—йæ худинаг тæппудæн! Чизоны ’мæ стихмонцы тæмæн Басгуыхтаид царды хос мæ удæн!.. Ныр уыдзæн мæ цæсты сындз дæ фенд, Ныр дæ кой — мæ зæрдæйы рæмпъузæн! Æз мæ цины ’нæдæу дæр — поэт, Мæн æрмæст мæ тыхсты хъуыди музæ! 16
Н Ы Ф С Уары та фæлмæн къæвда мæ рустыл, Уалдзæг та хæкъуырццгæнгæ кæуы. Рæстæджы цæст—арвы зилакк мустылд, Æз йæ разы, ’рвайдæнау, лæууын. Цæстытæ—дыууæ чысыл æхсæвы,— Мæнæ цыма фарсты нысан раст, — Дун-дунейы тармæ сæ ныццæвын; Цæй-ма, цæй, рæстдзинады хуыз, раст. Æмæ разынд, хох-уæйыгау, хъенæй Рæстæджы гигант фæлгондз æваст. Бон—йæ иу цæст, талынг æхсæв-—йе ’ннæ, Тасæфгау, фыдуазал у йæ каст. Куы ныххуды, куы кæуы, дзыназы, У йæ иу фарс урс, йæ иннæ—сау. Уый лæууы æнæмæлæт мæ разы, Генион абстракцион нывау. Æз тт тнптгг^цг^у^^ГПгщ^т! мæлдзыг дæн, 17
А-дунемæ уазæгуаты ’рцыдтæн, Фæлæ дзы уæддæр æз дæн фысым. Сом мæ фæдон бацæудзæн мæ хуызы; Уæдæ тох, цæрын куы хъæуы мæн. Æмæ дугты, заманты рæхысы Калдзынæн тъымы-тъыма тæмæн. Æз ыстъæлын, — ахуыссинаг рухс тын. Дард кæмдаср та ссудздзæни мæ рухс; Ацы къæвда уарыдис æнусты, Ацы къæвда уардззенис æнус. 18
* * * Дыууæ цæсты, Дыууæ ’нкъард сау зæрватыччы, Сæ сæрмæ тыгъд сæ фæйнæ базыры, Цыма æрбадтысты фæлладæй пылыстæг цъитийыл. Дыууæ цæсты, Дыууæ нымæг ыстъалыйы, Æрбынат кодтой се ’рфæнты Дыууæ æнусы дæргъæн тар æхсæвы. Дыууæ цæсты, Дыууæ ’нкъард сау зæрватыччы, Сæ цины уалдзæг раивта хъызт зымæгæй. Дыууæ цæсты, Дыууæ нымæг ыстъалыйы, — Тæмæнкалгæ цы ирд арвыл ыскастысты, Уый сатæг-сау фыдохы мигъ нымбæрзта... 19
Мæ удæй дæр, Куы раздахин фæстæмæ Сæ цъæх уалдзæг дыууæ ’нкъард сау зæрватыккæн! Мæ удæй дæр, Дыууæ нымæг ыстъалыйæн Куы сисин æз сæ райдзаст арвæй саутæ! 20
* * * Ма, мæ хæлар, сойбыл зарæг ма кæн, Афтæ ’нцон дæр нæу зæххыл фæцæрын. Цардвасндаг дæрзæгтæ конд у, какон: Ис æвзонгæй урс хилтæ мæ сæры. Ис æвзонгæй урс хилтæ мæ сæры, У мæ ных æрыгонæй дыдæгътæ. Баззæрстон дзы уалдзæджы къæсæрыл Судзгæ уарзты цинимæ фыдæх дæр. Ды фæзарыс: хæхтыл цъити тайы; — Тайы, фæлæ, басæтт ыл, — ^нæма стад. Ды фæзарыс: зæрдæ цинæй райы, Райы," фæлæ цас æвзары маст та? Цæй, зæгъ-ма, зæгъ-ма, уæд та цæмæн у, Магъзы цъарау, хохы ных фырынцъылд, Тулдз бæласы уалдзæджы тæмæны Арв æваст цæмæн æркъуыры рындзыл? Дисс.г: царды цæр æмæ йæ ма уын, Циныл æмæ мастыл зар æмхуызон! 21
Æз æрмæстдæр иу куырм æгъдау фауыи: Дуг дæуæй цæмæн ыскодта хъузон?! Царды фурдæн йе ’рфæнты—нæ фæндаг (Худинаг—йæ тæнджыты лæгæрдын!), Уым та мын дæ бирæ дæр нæ фæнда, — Дуг тæхдзæн зуыгъ-зуыгъгæнгæ дæ зæрдыл! Дунейæн дæ уд уыдзæни призмæ, — Талынг æмæ рухс тынты фæрсудзæн; Уæд дæ зарæг царды цинæй риздзæн, Уæд дæ зæрдæ зæххы рисæй судздзæн. Худис-иу зыд паддзæхты хæстытыл, Цин кæнис: хæлæг нæ бæстыл нал ис, Иу бон æй дæ хæлары цæстыты, Сау калмау, тымбылтæй хуысгæ, ссарис. Иу бон иуы рухс удмæ ныккæсис Æмæ зæрдæ хуры фарсмæ симид. Иу бон фенис иннæйы æнæфсис, Баризис, ныдздзыназис дæхимид. Искуы искæй амонды хур тавид? — Уый дæуæй дæр судзгæ сагъæс давид. Искуы бомбæ зæххы кæрон хæлид?. — Йе схъистæй дæ удыл дæр æмбæлиц. 2?
Ма, мæ хæлар, сойбыл зарæг ма кæн, Афтæ ’нцон дæр нæу зæххыл фæцæрын. Цардвæндаг дæрзæгтæ конд у, какон: Ис æвзонгæй урс хилтæ мæ сæры. 23
С А X А Т Мæ разы та цъыбар-цъыбур кæны Индустрийы алæмæттаг цъиу мæнæ. Нæ, уый æцæг нæ узæлы мæныл, Фæливы мæ цæстмæмийы кæлæнæй. Йæ зарæгæй мæлæтмæ сайы мæн Уый, «Одисейы» базырджын чызджытау. Тъымы-тъыма—йæ комулæфт, фзелмæн, - Кæлыиц мæ риуыл минуттæ сыджытау. 24
К А Д А В А Р Удхæссæг кадавар удæй цы кайы, Гъе, дзы цы бафты йæ раттæг сыджытыл? -* Монцы. хъæстæ ронгæй йедзаг сыкъайыл Ахуыссы ризгæ йæ царды дыдзы тын. 25
Н Ы Ф С Ы Т А Г Фыдфын, кæлæн æхсæв йæ тары Цырагъдар боны гуырдз хæссы, Зæрдæуынгæггæнæг æнкъарæн Æмбæхсы рухс цины цæссыг. 26-
ХУЛИАН ГРИМАУ* Хулиан Гримау, удæнцой мын радт, Цы мыл сагъуыдис, м’аууонау, дæ сурæт, — Ныццæвæд мын мæ зæрдæйы цыргъ кард, Кæнæ мæм исты сдзурæд. Æгомыгæй кæсынæи дын—æгъгъæд! Мæрдонæмырæй мауал лæу мæ разы... «Мæ рæстаг тугæй иунæг æртах кæд Дæ тугдадзинты хъазы, Кæд рухс нысанæн у нывонд дæ цард, Æмæ, мæнау, сæрибары салдат дæ, Мæлæт куы сласта де ’мхæстонмæ кард, — Æнæмæтæй кæм бадтæ! Йæ сыкъатыл куы систа хуры мигъ, Гвадалквивирмæ тугдзæссыг куы фегуырд, Нæ Уыдтæн, цы, дæ игæры кæрдих, — Испайнаг дæ, ирон лæг, æви негыр! — * Хулиан Гримау — Испанийы компартййы фæтæгтæй сæ иу, хъизæмарæй йæ амардтой Франкойы фашистон жандармери. 27
Æрфæныфæд дæ балцвæндаг куы сси, Куы тоныс арвы ’фсæн дуæрттæ, Батрадзау, Куы сисыс арвыл Авдхойы куысси Æмæ дзы нуазыс хуры тын æвдадзау, Уæд а-зæххыл,—дæ райгуырæн зæххыл, Лæгмар куыд цæры барджынæй ныфсимæ, Нæ уыныс туг Лумумбайы ныхыл, Æви дæуæй нæ дуды Хиросимæ?! Хæлынбыттырау тых æмæ фыдæх Æфхæрд бæстæтыл ку ’айтыгътой сæ базыр, Дæ къæхты бын куы ныуунæргъы зæхх, — Æхсæв дæ сæр куыд æруадзыс дæ базыл! Лæг куы хуыйныс, — лæджы хъару дæм нæй? Рæстдзинадæй хæрам куыд хъазы хъулау?!» — Дæ сусæг ныхас хъусын æз мæрдтæй Æмæ лæууын дæ нывы раз сæркъулæй... Хулиан Гримау, ма мæм кæс тызмæг, Дæ цæстытæ дыууæ ’хсидавау судзынц, Дæ цæстытæм нæ лæууы лæг, — Цыргъ хъаматау рæмудзынц... 28
Æрвайдæнтæ... — цы диссаг сæ цæуы! Кæй саударæг сæ тоны уый йæ дзьн&у? Испанийы бæрзонд арв сæ кæуы, Æви Гарсиа Лоркæйы* цæссыг у? Бæлонау сæ уынгæг пæр-пæр кæны Хозе Диасы** тохвæлмаст фæллад уд. Тырысайау сæ адæмы зæй рахæссы дæ ныв, Æви зæй нæу, — æппæтноггæнæг уад у. Дæ цæстыты æрвайдæны зыны Æппæт адæм, æппæт дунемæ уайдзæф; Куынæ уæм алхатт хуры фарс зыны, Кæд ралæудзæн зæххыл æиусон уалдзæг?! Дæ цæстытæ. æнцой нæ уадзынц мæн, — Ызнæт, тымыгъджын денджызтау æхсидынц, Сæ адæмы уæйгæнджыты ныхмæ, Рæстаг хъуыды æргæвдджыты ныхмæ Æппæт дзыллæтæм сидынц. * Гарсиа Лоркæ—испайнаг поэзийы классик, хæрз æрыгонæй йæ амардтой фашисттæ. ** Хозе Диас — Испанийы компартийы фæтæг, амард эмиграцийыг 29
3 А Р Æ Г Æз æмдзæвгæтæ нæ фыссын, Дзырдты топпы хос нæмын. Зарæг, ферттивæд дæ хуызы Сау лæгсырдмарæн нæмыг! 30
* * * Ды уæздан дæ, ды рæсугъд дæ, Чи нæ кад кæна дæуæн! Урс пылыстæгау — дæ къухтæ, Уæд — дæ цæстыты тæмæн!.. Бадыс дзыллæйы ныхасы — Ахуыр, разагъта сæрæй, Æмæ де ’нæкъæм æнгасы Иунæг масты бындзыг нæй. Ныр дæ уаз сæнттыл фæхæст у, -* Дард цы бæллицты тæхыс!.. Цард æппæт хæрзтæй æххæст у, Царды ’рвайдæн у дæ хуыз. Фæлæ рухсцырен фæрдыджы Цыма мигъаууон фæзынд: Диссаг, — чи бацыд дæ хъыджы, Фаг кæмæн нæ у дæ уынд?! 31
Уый гуырымыхъ лæг — æнахуыр — Дзуры карз æмæ дæрзæг. Йе сдзырд—цардæфхæрæн хахуыр, У йæ сау къухтау уæзæг. Кадджын адæмы иыхасы Алчи радзуры уæздан. Алчн — разамындæй разы, Зонынц хистæр æмæ ’гъдау. Уый та... йе ’взаг сурæй дасы. У йæ ныхасы сæр фау: Сыстад адæмæн сæ разы Онгцух цардуавæр иывау. Сабыр денджызы тыхдымгæ Цыма смидæг ис æваст, Уыйау базмæлыд æмдынгæй — Сызнæг дзыллæйы ныхас. ...Уымæн дуг дзырды бар радта, Дзурæд — фауинаг нæм ц’и, Фæлæ уæд дæ ном, дæ кад та Уымæй ц’азимаг фæци?! Уæдæ де ’рфгуытæ цы дзурынц, Гъе, дæ уадулты фæсырх: Цыма знæт денджызæй хурыл Лакъон донулæн ыспырх. 32
Уый, дæ лæггад дын куыд фидынц: Уый, куыд дæм æрхастой фау?! Нæ! Дæ разамынд, дæ фидыц У зæххон иардæн æвгъау... ...Ды нæ бакæсд^ынæ — зонын — Ацы ’нкъард фыст, фæлæ, цæй, — Ды уæздан дæ ’мæ нæ домын Ахæм’ сау куыст дæр дæуæй. 3. Бестауты Г. 33
ГУЛИА ДИМИТРЫ АМÆЛÆТЫЛ Цымæ цæуыл йæ хъиутæ хæры денджыз? Æнустыккон Акуамæ* згъорынц улæнтæ, Ыстæй, фæдисы барджытау, фæстæмæ Тæхынц цыдæр тæссаг хабар хъæргæнгæ. Цымæ цæуыл йæ хъиутæ хæры денджыз? Ызнæт палмæтæ—дымгæйы пыхцылтæ, Сæ базыртæ — æвирхъауы хъандзалтыгъд; Цыма æваст ныппæррæстæввонг уынджы Ласууынц фыдохы уацхæссæг бæлæттæ. Ызнæт палмæтæ—дымгæйы пыхцылтæ. Уæззау уæлдæф йæхи дæлоз æруагъта, Æви ныццахсти донгонд ызды уынгты Æмæ фыдохы музыкæ, фыддымгæ, Тыхабухгæ, йæ тæнджыты лæгæрдыиц. Уæззау уæлдæф йæхи дæлоз æруагъта. Фыдуац Абхазы тугдадзинты ацыд Дыздызгæнгæ, тæссаг, тыхæндыгъд токау, ’1' Акуа—Сухум абхазагау. 34
Æмæ дæгъды дзæнгæрджытæ йæ уды, Йæ тыхджын буар кæрæй-кæронмæ дуды. Фыдуац Абхазы тугдадзинты ацыд. Цæй табæт у,— лæджы æви хуыцауы?! —Уый уæлтæрхæг йæ зæрдæ ис Абхазæн, Йæ истори, йæ рухс абон, йæ фидæн Æппæт уидæгтæй табæтимæ баст у. Цæй табæт у, — лæджы æви хуыцауы?! Æндон зэердæ йæ цæвынæй нæ банцад, — Рæмудзы, судзы уæлтæрхæг цырагъау. йæ уидæгтæй йæ адæмимæ баст у, — Æнус-æнус сæ дадзинты цæрдзæни. Æндон зæрдæ йæ хуыз ивы, нæ банцад! Сухум, IV/! 960.
Р У X С Куыд ныггуыппæг æхсæв, куыд бамыр; Йæ дглбазыр цавæр ныттар?.. Мæ зæрдæмæ ’ртхосæн уæд та мын, Арв, иунæг ыстъалы ныддар! Æнæбын уæрмау мæ фыдталынг Бæллицбастæй дары кæмдæр. Мæ удлæууæн рухс цард, уæд та мы;; Æвдадзæн — дæ сыбыртт, кæм дæ! Нæ уынын, нæ хъусын, нæ хатын, Кæм ма ’мбудын ад æмæ тæф! Æдзæмæй мæ рæуджыты бады, Лæсæнау, бæзджынахст уæлдæф... ...Æндидзыкц та царды фæрæзтæ, Уæларвы тæраз та фæкъул. Фыдфын æхсæв атахт, фæфæстæ, Фæсхохæй ысрæмыгъта хур... Фæцæуын, ивылы мæ уæнгты, Гуылф-гуылфгæнгæ, дунейы рухс. 36
Мæ фарсмæ—цырагъадæм уынгты, Уæд се ’хсæн та—саударæг ус?!. Уый,—дысон куы стахти фыдæхсæв, — Æрхаудис йæ базыры сис... Ныр фестади бæсгæ чындзæхсæв, Ныр атади таримæ рис. Дзхкæтои æхцон цин æнкъарын, Сырх арвы рон фестад мæ уд. Дæлдззсх фæуæнт сау æхсæв, тальшг? Уæ, рухс бонтæ, арфæйаг ут! 37
ÆВИРХЪАУ НЫВ Уадæг хъæугæрон фæтæхы, Рудзгуытæй ивылы худт Æма* дидинæджы ’ртæхы Ризы рухс уалдзæджы уд. Дæлæ фæзилæнмæ рындзыл Ус фæуырдыгис æмраст, — Мад йæ хъæбултæм фæтындзы, Йе ’рфыг аууæрды æваст... ...Арвæй тарст зæрдæтæм исты, Цыма, судзгæ нæмыг рахст, — Атад уадæджы хъыллисты Усы удисæн цъæхахст... Сабитæн сынтыл фæхæссынц Сидзæры уæззау ном сых. Фæсфæд дидинтæ фæхуыссынц, — Тугхæццæ цæссыгау—сырх..,
Уадæг бандзыгау ис уæртæ, Маст, æзды уаргъау, хæссы. Тарст, хуыст цæстытау, фæйнæрдæг,-, Уазал рудзгуытæй кæсы. зе
СÆУМÆРАЙСОМ РУЧЪЫ ’ФЦÆГЫЛ Хæхты буар ныууырынгтæ, нызгæ, — Дис æфтауы туристтыл: Уый, цыма, хъæбыс-хъæбыс хуысгæ,, Аргъæутты кæфхъуындартæ ныддурысты. Хурыскастмæ нæзмæлгæ лæууынц Сычъитæ, зæды цыртытау, дурцæндтыл. Хохрæгътыл зæбул-зæбул кæнынц Кæмтты сæрмæ ауыгъд мигътæ хордзентау. 40
ХÆХТÆ Хæхтæ бадынц, куырыхон уæзбын лæгтау, Сæ къæрит кæрцыты, Сæ сæрыл—фысдзарм худтæ. Хæхтæ хъахъхъæнынц ирон уæздан æгъдау, — Нæ кæнынц цыбæл хуры рæубахудтмæ. Сæ рæзты туристтæ рацæуынц хъазгæ. Хæхтæ лæууынц, — сæ сæртæй уазджытæн рухсдар. —Сæнтæф,—чидæр ысдзырдта: æттаг дарæс ласгæ! Æвзистау ферттывта рæсугъд цæгаттаг чызджы урс буар. Цыма исчи цъыф бакалдта хæхтыл, — Се ’рфгуытæ фелхынцъ кодтой карзæй Æмæ саудалынг æврæгътæ Хурыл амбырд ысты бардзæй. 41
н ы в Хохæй расхъиудта хуры тын, Дæлæ комы нысхъистæ. Уый та рабаста дуртыл Æрдз йæ фæндыры хъистæ. 42
ÆРТЫ.НДÆС Хуыцъейы рæсугъд уæлвæзы æмдынг’ сфардæг арвмæ 13 наз бæласьт. Кæддæр Дзесты Куы- дзæгæн йæ зæрдыл æрлæууын кодтой æртындæс ирон комму- нары. Æртындæс топпы дзыхæй м’адзал, Æртындæс удхæссæгау, каст. Æртындæс æхсты мæ фæкодтой, Æртындæс мин цæфы фæдæн. Мæ тугæрхæм зæрдæйы баззад Æртындæс мин фыдохы маст. Æртындæс мин хъарæджы додой Уыдис мæ мæрццыгой мæнæн. ...Æмæ цæссыгæмхæццæ тугæй Куы скаст сæуæхсиды сырх тын, Уæд уыцы тугулæныл, хуртау, Æртындæс рухс зæрдæйы тылд... 43
Æмæ та срæмыгъта мæ удæй Æртындæс назвæлыст фырты, — Лæууынц, мæ цæхæрцæст хъæбултау, Æртындæс цардæгас цырты. 44
КЪОСТАЙЫ БÆРÆГБОН КЪАХЕТЫ Ядрд Ирыстонæй, хæхты дæлвæччи Алазаны дон хъусы алайнаг ныхæстæм. Хæхтæн бар кæд нæй æрдзæй, — сыбыртт сын ьæ фæччы, Науæд уыдои иронау кæддæрид куы ’мбæрстой. Алазан цыма нал у хæтиаг: «Цъ»тæ, «хъ»-тæ ирон мыртæй раивта, — Хъус-ма: дзуры иронау йæ уды фæндиаг, Хъус-ма: сцагъта йæ уадындз, Ацæмæзау, аивтæй... Хъæубын зары хъуытаззæл тæлтæг дон, Хъæусæр—-булæмæргъ тулдз хъæды тар къохы; Абон Къахет куывд кæны, бæрæгбон, Абон, Уастырджиау, кувынц Къостайæн Аргохы. Бæстæ—бур-бурид, цыма йыл хурзæрин батад, Судзы агуывзæйы мыдадзгъуыз сæны цырæгътæ.
Уæртæ фынджы сæр колхозы сæрдар—Иракъли рабадт. Ужвгæ, цы рæгъытæ уадзы, цы рæгъытæ! Уынгæй хъуысы ирон цагъд, ныффæсуси фæндыр, Уынгæй хъуысы æмдзæгъд æмæ зарын; Цал уым чызджытæй сусæг бæллицтæ нывæнды, Цал лæппуйы йæ цæсты зул чызджытæм дары... Уæртæ фалдæр хъæбысæйхæст сытынг ис æйттæй, Ис дзы бирæ сыхаг хъæутæй, — гуырдзы зæгъ, мæхъæл. Ахæм чи уыдзæн иры богæлттæй, — Абон хъæуы фæкæна фыдæнхъæл! Хъазынц фæсивæд фат æмæ ’рдынæй, Хъазынц фæсивæд хъилыл бырынæй; Ахæм рагон хъæзтытæ ракетон æнусы фидауынц* Абон Къахет ыскодтой бæрæгбон нæ нæртон æгъдауыл. Абон Къахет хуыцауы ’мсæр поэт — Къостайæн кувынц, Къоста рæсугъд нæртон æгъдæуттыл уыдис æнувыд... Бон ныффæлладис, аууæттæ, расгуытау, цудынц, 46
Ллазаны дон зары иронау, Хæхтæ, урсхил зæрæдтау/ сæ мидбылты худынц, Хæхтыл анхъæвзт зæрæхсид сыгъзæрин донау. Тагъд та дунейы ’взист мæй рæвдаудзæн, — Хæхтыл, фæзтыл фæлмæн цыллæ таудзæн. Алкæй абырсдзæн хуыссæг Æмæ хъæубæстыл рухсфын æртыхсдзæн. Фыны фендзæни саби—къуыппуадул: Цыма Хетæджы сахъ фырт Къахетмæ ’рцыди: Уæртæ зæронд лæгты ’хсæн цухъхъайы бады Йæ риуыл—рæгъ-рæгъы бæрцытæ. Райы, йе ’мирон адæмæй бабуц. Дзуры; «Бæстæ куыд райдзаст у абон! Дуне срухсгæнæг ног дугæн табу, — Не ’взаг — н’адæмы намыс нæ бабын! Уый фæхатти дунейы уæзгуытыл. Уыд йæ фæстаг, йæ фидæн—йæ катай. Уый нæ бартхутæг судзгæ мæсгуыты, Уый нæ басастой кард æмæ фатæй. Абон а-зæххыл алчи æмбар у, Æмæ равдис, Ирыстон, дæ хъару:
Лдæм цалынмæ се ’взæгтыл дзурой, — Макуы фесхъиуæд де ’взаг сæ цурæй. Уый куы уæй кæна ’хсины лæг кадыл, — Сыст, æлвæст кардау, рахъыз йæ сæрыл, Дæу æнæуый нымайдзысты мардыл, — Лæг æнæ ’взаг нæ цæры... Дард Ирыстонæй хæхты дæллагхъуыр Къахет аныгъуылд рухс фынты малы. Мæй, нæртон уартау, атылдис, акъул, Алазаны дон «Алол-лай» зары. 48
«ХУРЗÆРИНÆН» (Иæ рацыдыл цыппор азы бонмæ) Пæр-пæргæнгæ мæм дард азтæй æртахтæ, Фæлдахын дæ, ирон газет, æз дæр та... Цыма мын барджын сусæг уайдзæф загътай: Цы сарæзтай Ирыстоны хуыздæртау?!. Цы сарæзтон... цы бантысти мæнæн та... Фæйнæгварс Чермен, сахъ Сикъо куынæ дæн. Куы скастæ хæхтыл, «Хурзæрин», æнæнтау, — Сæ уды рухс дын фервыстой дзыллæтæм. Дæ разæй асчъил кæмтты тар — мылазон, Фиййауы къæсмæ хуры тын ныххастай; Ныууагътой дæттæ се ’нусон дзыназын, Ныббастай сæ ирон кæлæн ныхæстæй. Цæхæрцæст Плион, рухсхъуыды Тыбылон, Дæуæй ыскодтой дзыллæйæн цырагъдар. Цы уыди хур дæ цуры? — бур къуыбылой, — Уый адæмæн сæ риутæм рухс ды уагътай. 4. Бестауты Г, 4§
Дæ урс фæтæнты куы цыргъ цæвæг зарыд, Куы та дæ уад, тырысайау, фæйлыдта. Кулачы сау нæмгуытæй дæ зынгарыд, Уæддæр зынты фæстæлæууын нæ зыдтай... Фæлдахын дæ... нывау мæ цæстыл уайы: Мæ хистæртæ дæ, ’хсаргардау, куыд хастой; Фыдыбæстæйыл тайын æмæ руайын Хъуыддаг æмæ лæгдзинадæй куыд барстой. Фæлдахын дæ, бæгъатырты цæвиттон... Фæлдахын дæ, мæ хистæртау, æз дæр та. Дæ цæстæнгасыл барджын уайдзæф федтон, — Цы сарæзтай Ирыстоны хуыздæртау?..
Ч И 3 0 Н Ы Чизоны мæнгуд ысты мæ хъуыдытæ, Кæд æрмæст мæхицæй дардмæ лидзын? Чизоны Ирыстоны нæ хъуыдтæн, Чизоны дзæгъæлы фыстон «Иу дзырд»... Чизоны куыд уыдзæни нæ фидæны, Цардвæндагыл чизоны ныхдур дæн. Чизоны... — ацы ныхас хъуыдыйы ныффидарн Æмæ мын нæ дæтты ’нцой мæ удæн... Фæлæ карз мæ рухс нысанмæ сиддзынæн, Хъуысдзæни мæ тохы хъæр, æрвнæрдау, Æмæ кæд фæуайдзæфаг уон фидæнæн, Уæд мæнæн фæстаг фæндон æвæрд у! 51
ÆНУСТЫ БАЛЦ Нæ Ирыстон, ивгъуыд æнусты тары Дæ истори къæхты бынæй уынæргъы, Дæ цардамонды тугхъулон ыстъалы, Зыкы, цыма цъæхæйрæгъæд мæнæргъы. Æхситтгæнгæ тæхы, тымыгъау, рæстæг, Æгъатырæй æппæт дæрæн кæны. Ызнон дæр ма зæххыл цы уыд бæллиццаг, Уый абон рохуат бамбæрзта йæ рыгæй... Нынныгуылди тыхджын нарты зынг хур, — Ныххуыссыди цæхæркалгæ кæмдæр Зæрæхсиды сырх-сырхид туджы малы. Нæртон адæм ныр аргъæутты цæрынц... Ызгъорынц, уайынц мин азтæ, минуттау, Пæр-пæргæнгæ тæхынц æнустæ цырд... Каемдæр та дугтæ бондзир-дзур кæнынц, Ыскæсæны сæуæхсид туджы зилы. Сырх-сырхид арвыл сау уаццæгтæй мигътæ, Сынтытау, хъомпал, зилахар кæнынц. Кæцæйдæр дардæй тохы хъæртæ хъуысы, Уæззау кæрдты къуырма дæнг-дæнг цæуы. 52
Тæхæг æнусты базырты пæр-пæры Æрбаивылы зарæджы улæн, - ’ - Фæлæ та — «цъыззз!»... — ныхсидт кæны зынг фат Æмæ кæмдæр лæгдзинады нымд зарæг, Фæндыры тагау, аскъуыйы дзыназгæ. Уый нарты дард, тыхджын фæдон алан Историйы атагъаты кæмдæр Фыдхъысмæтимæ бацыдис æрмхæсты, Йæ сæрмæ мигътæ змур хæлбурцъ кæнынц. Ызнæтæй сысты рæстæджы тыхдымгæ. Цымæ та йæ кæдæм хæсса йæ адзал: Дунейы даргъ, æнæкæрон уæзгуыты Китайæ дард Европæйы кæрæттæм, Цæгат зæххытæй хуссармæ, — Мысырмæ Тъымы-тъыматы цардагур хæты... Сæ хьару хаста хурæмдзу аланты, Сæ быны зæхх æмризæджы рызти, Зын мæлæтæй нæ фæтарстысты никуы, Зыдтой æрмæстдæр худинаджы тас. Фæлæ цы лæууы рæстæгæн, цы фидар?! Алантæн дæр сæ туг цъыртгай фæцыд, Ныйихсыдысты се ’хсаргæрдтæ трхты, Сæ хурæмбæрц ном зæххы ’мбуар ыссис. Кæмдæр æбæрæг мигъæмбæрзт быдырты Сæ урс сæры зыхъхъырдæндаг къуыдыртæ Былысчъилæй æнæмæлæтыл худынц. Сæ байзæттаг — ирон адæм ныууагътой Сæ сойдзыхъ зæхх, фæлыгъдысты фыд гуннтæй.
Цагъармæ, дам, нæ ратдзыстæм нæхц. Æрцардысты бæрзонд^хæхты — мæсгуытау, Зынвадаты, зындзæуæнты, — æрмæстдæр Сæрибаруарз цæргæс кæм тахт уæндонæй. Фæлæ, дам, зæхх у адæмæн сæ дарæг Æмæ кæм ис гæмæх къæдзæхты зæхх!.. Цагъары къæлæт не схастой сæ сæрмæ, — Мæгуырдзинад сыл ’рывæрдта æфсондз... Ызгъорынц, уайынц мин азтæ, минуттау, Пæр-пæргæнгæ тæхынц æнустæ цырд... Æлгъыстаг дугты тар замантæ ивынц, Ирыстоны мæйдар æхсæвы ’рттивы Мхрдоних уазал цъититы мæнг рухс. Фыд-замантæ лæджы къухтыл, фæллойыл Æнусты дарынц сау ызгæ хъадаман. Зæххы хъæбул къæхты бынæй уынæргъы. — Йæ урскъух æмæ саузæрдæ æлдар ын Йæ тугвæллой, кæрæф цъулберау, цъиры. Фæлæ нæртон сæрыстыр лæг нæ быхсы Тыхы бын нымд, сæргуыбырæй цæрын. Æмæ та-иу, гигант вулканау, тарæй Чермены зарæг рухскалгæ ыстыдта, Æмæ та-иу тыхы фидар йæ цæлхъæй Йæ бындуртæм къæс-къæсгæнгæ нынкъуысти. Фæлæ йæ цъуппыл тугдзых уари ’рбадти, — Дысæрон маргъ, — æндонæй конд йæ ныхтæ. Йæ къæдзил тилгæ, уарийæн, куыдзау, Æхсины лæг йæ чъизи дзæмбы стæрдта, 54
Ныттари тынгдæр уарийы дæлбазыр, Ныхъхъуси зарæг, уадындзы зæл аскъуыд. Æрмæст ма Терк иронвæндæгтæ кодта Æмæ уыраугæ судзгæ додой хъуысти. Фæлæ зæххыл æфхæрд лæджы цæстытæй Цы цæссыджы ’ртах рахъардта фыццаг, Уый, — хохæй цыма миты къуыбар фенкъуыст, — Æнус-æнус ыстырæй кодта стырдæр, Фыдæй-фыртмæ, гуылф-гуылфгæнгæ тылдис... Мысыры пирамидæтæ уæларвмæ Кæй уæзæгæвæрд ризгæ къухтæ систой, Патрициты ирхæфсынæн кæрæдзи Цы римаг гладиатортæ æргæвстой, Иры сагъæс, сæ цæстысыг ныхъхъуыргæ, Уæззау уаргъæн цы сау адæм фæхастой, — Æппæт, æппæт æфхæрдты маст, уыраугæ, Сæрæмбæрзтæй, ызнæт денджызау, фыхт Æмæ ныккодта иу дуджы æмцæлхъ, Æваст фæкъæртт ис æхсæвæн йæ тæн, Ныггуыпп ласта æнæнтау рухс, фантанау, Æмæ ыссыгъд Октябры сæуæхсид, Историйы мæйдар æхсæв ысбон... Ирыстоны бæрзонд хæхты сæрмæ, Пæр-пæргæнгæ, тæхынц фæллад æнустæ, Сæ фæстæ растад, фарнхæссæг бæлонау, Октябры зæринбазыр æнус. 55
САТАНАЙЫ КУЫВД (Монолог) Нæртон фæсивæд, амондыл хæст ут, — Æнус-æнус зæххы фарнæй æфсæст! Зæрин хур уæм йæ хæлар цæстæй худæд, Йæ цæссыг уын мигъ ма кæнæд æвгъау, Фæскъæвда ’рттивæд арвы рон уæ сæрмæ! Хæрзамонды цыкурайы фæрдыг Куыстдзагъд лæджы ныхæй æртагъд кæддæр. Ныддур æмæ дзы царды фидыц худы. Уæ ныхæй калæд уыцы фæрдыг рухс, — Фæрныг æмæ хъæзныг куыд уат æнус, Æрзæ сæдæ—уæ рæгъæуттæ, уæ дзугтæ! Уæ къæбицты ныккæнæн ма уæд хорæн, Мыдгъуыз суадæттæй абузæд æлутон!.. Нæртон фæсивæд, амондыл хæст ут. Ис амондмæ зæххыл фæндæгтæ бирæ, Цæуынц æм—зонут,—се ’ппæт дæр æрмæст Лæгæн йæ бæстæ, й’адæмы зæрдæйыл. Уæ дзыллæ искуы царæфтыд куы уа, 56
Æиæуый уæ куы бæлла исчи цинмæ, — Уæд баззайæд нæ фидæны фæлтæртæм- Йæ ном цылгъагдæр фидисæн зæххыл. Нæ зæххьгсой нæ фыдæлты туг у! ■*— Уый бацыдис уæ буары, уæ магъзы.- Уæ дзыллæйы цæрдхъом къабæзтæ стут. Æмæ фыдамопд макуы фæут ахæм, — Зын уыи куыд уа йæ сæрзæлтау мæлын! Фидауынц адæм се ’гъдауæй, сæ уагæй, — Нæртон æгъдау уæ фæдзæхст уæд, мæ хуртæ! Сæ фæтк, сæ ныхас—адæмтæн сæ ис,—• Цæсты гагуыйау хъахъхъæнут нæртон дзырд.—- Нæй фидæнмæ афтидармæй цæуæн! Нæртоп фæсивæд, амондыл хæст ут! Хæрамы охыл макуы сласут кард. Фыццаг-фыццаг æхсаргард æмæ фат Фыдæхзæрдæйæ чи райста йæ къухмæ, Уый туджы зæйтæ фенкъуыста зæххыл Æмæ ивылынц абон дæр нæ сæрты. Кæд уыдис маст мæрддзаг хæдон мæлæтæн! — Фыдмаст у ног фыдбылызы æхсидав. Фæлæ фыдгул уæ уæзæгмæ куы бырса, — Ныккалут туг сæрибары сæрыл:. Фыццаг-фыццаг æхсаргард æмæ фат Хæрамы ныхмæ чи райста йæ къухмæ Уый цины денджыз рауагъта зæххыл... Æмæ ныр дæр нæ зæрдæтыл ивылы... 57
Нæртон чызджытæ, рухс амонд уæ хай! Зæххыл æппæт ысфæлдисæг у мад, Нæртон мады ном фарнимæ хæссут. Сымахæй цæудзæн уарзт æмæ хæрам дæр Зæнæг уын ахæм рацæуæнт, фæлтæртæм Фыдыуæзæджы судзгæ уарзт, лæгдзинад, Нæртон æгъдау, нæртон кад æмæ намыс, Тырысайау, куыд адæдтой сыгъдæгæй! Нæртон кæстæртæ, цардамонд уæ хай!.. 58
ЛÆДЖЫ КЪУХТЫ ТЫЛЛÆГ Историйы сæуæхсидыл фыццаг Æрдздидинæгæй адæймаджы гуырдз Куы рахызтис æцæгæлон дунемæ, Сæрысуангæй йæ хиды ’ртæхты сыгъд Йæ царды развæд рухсгæнæг цырæгътæ. Хъæддаг заманты сау мылазон, тарæй, Лæгсырдты хъомпал богъ-богъгæнæг дзугæй Йæ цонджы руаджы ратыдта йæхи... Æнусон даргъ æхсæвы ныхмæ, уартау, Йæ хиды ’ртах—йæ цардамонды стъалы— Йæ фæллад ныхыл ирд тæмæнтæ калдта Æмæ йын уыд фæндагамонæг тары... Лæджы чъиухид, лæджы къухты фæллой! - Алæмæтон æрдздидинæг ды дæ, Дæуæй рахызтис адæймаджы гуырдз. Зæххыл цы ис рæсугъд æмæ бæрзондæй, Бæллицагæй, сыгъдæг æмæ хæрзкондæй, Гъе, уыдонæн ды се сфæлдисæг дæ...
Зæххы сой æмæ хуры рухсæй конд -^ Лæджы фæллой, лæджы къухты тыллæг, Дæуæн йæ сæрæй кувы цард ныллæг. Кæд искуы исчи истæмæн куывта, Кæд исчи кодта ’рвон хуыцæуттæн табу, Уæд ды æппæт хуыцæутты хуыцау дæ Æмæ дæуыл кæнын мæ зарæг абон. Нæ цинты сæр, нæ царды хос—тыллæг, — Сырх мæнæуы ’фсир—хуры тынтæй быд, Зæриндзычку, дзæнхъадæкдаг нартхор, Фæрдыггага сæнæфсиры цупал, Зынггъуыз фæткъуы, фæззæгау, бур кæрдо, Сымах чи скодта сау зæххæй, æлыгæй, Æмæ уæ ’рвон рухс чи ссыгъта, Амранау, Гъе, уыцы сау дыууæ къухæн кæнын Мæ зæрдæбындæр зарджыты хуыздæр. 60
ТОХМÆСИДТ (Иу сæр поэмæ «Бургъустаи»-æИ/ Арв нынкæрыд кæмдæр, Ног та ферттывта кард. Ацыд араугæ хъæр, Зæрдæ фестадис арт. Хойы Врангель йæ риу: «Уæдæ фенут сымах; — Врангель ма уон, кæд-иу Кремлы не суон паддзах!» Ноджы польшæйаг пан, Алы урскъух уæздан,— Се ’ппæт уьшæн — æмбал, — Иумæ — бирæгъты бал. Кремль дзæнгæрæг цæгъды, Хъуысы тохы фæдис Æмæ Иры хæхты Бæстæ змæлæцг ыссис. 61
Дард, Ирыстонæй, дард, Ессентукмæ хæстæг Урс хъазахъхъаг мæнгард Тауы калмы хъæстæ: «Ног æрцыди паддзах, Уæрæсе ныр—ирвæзт, Бæхтыл бадгæут тагъд, Революцийæн — хæст!». Кремль дзæнгæрæг цæгъды, Хъуысы тохы фæдис Æмæ Иры хæхты Бæстæ змæлæг ыссис... Дзæуджыхъæуы вакзал. Сентябрь... Æгас Хуссар мæнæ нымбырд. Чыртæ-чыртæ. Чи дзы — фыдсабыр, Кæуыл та дзы бафтыд фыддзырд. Чысайнаг цъæхснаг «ц» нæ сысы, Къуыдайраг «ш» — уыйбæрц дæр хъус, Цæгаттаг уæздан «с» дæр хъуысы, — Цыхтахуыйæн у цыма — цъус. Хæстдзагъд партизантæ — сæргуыбыр, Кæсы сæ фырмæллæгæй рухс. 62
Кæмæн сæ йæ рихи фæкъуыбыр, Кæмæн сæ йæ зачъе фæурс. Сæ дарæс—кæркæ-мæркæ, скъуыдтæ, Хуыздæр сæм цы баззад хæзна! Йæ фыды бызгъуыр цухъхъа скодта Къæдзæхы йас лæппу,—кæс-ма. Æнæдаст, пыррыкк рихи — ауыгъд, Куырисваг пыхцыл бур æрфыг... Йæ сæрæй еуы голлаг рауагъд, — Нæ дзы ’рхауид зæхмæ нæмыг. Ыстæмтыл — бухархуд, æрчъитæ, Цъæхбынæзгæ ’взистæхгæд рон. Кæуыл дзы и къогъодзи, чи та — Бæгъæмвад, бæгъæмсар бынтон. Кæнынц сæ фæндараст: кæй ничи, Кæй йе ’мкъай, кæй йе схæссæг мад. Æнкъард сагъæс сылтыл ныййичъи, Уынгæг хæкъуырцц райхъуысы хатт.,г Æваст цыма ’рбадымдта уынгæй, Фæсабырис вагзал æваст, Пæр-пæргæнгæ фескъæфы дымгæ Хæкъуырцкуыд, хъæлæбаныхас. 63
Къæхты хъæр. Тырыса — цырагъгъуыз; Ыстъалытæ цъупп худтыл — сырх. Уый, размæ сæ балхон къорд рахызт, —- Комбриг Янышевский йæ сæргъ. Йæ фз?ллад æхсаргард ысласта Мытылхъконд, æвзонг командир: «Æз зонын уæззау тохты бастад, Ныттугсур уæ ’кæрцæф уд, Ир. Фæлæ-ма фæкæсут: æхсаргард Æртасыд, — æсуадз’ æй, уæд та, Хъандзалау, йæ джиппы куыд абадт, Къæдзуавæр нæ быхсы, фæлтау Йæ рæбыныл асæтдзæн хæсты, — Нæ уыдзæн тыхы бын къæлæт. Уыд ахæм æндон фæтк уæ бæсты, — Сæрибар кæнæ, дам, мæлæт! Ис абон адзалы тæрæзтыл Бæллицаг сæрибары дуг; Фыдгулы джебогътыл лæдæрсы Сырхбазыр сæуæхсиды туг. Æнусон æфхæрды фыдæхæй Кæд судзы уæ зæрдæты арт, Уæд зонут: хæст дард у уæ зæххæй, Уæ бартæй нæу мисхал дæр дард. 64
Уæ бартыл уæззау хæстмæ цомут, — Ысдардта, тырысайау, кард, — Сæрибарæй амæлын ном у, Æбарæй фæцæрын — æгад!» Йæ сидт, тæвд нæмыджы цъыввиттау, Нырма фæздæгкалгæ нæрыд, Фæлæ фæринк кардæй, цæвиттон, Æваст ызнæт улæн фæлыг; Фæцыди цины хъæр кæмдæрты: — Нæхи Алыксандыр! Кæсут, Ис немæ рацæуын йæ зæрды: Бæлццон, æфсæддон арæзт у!» Хъандзал, æлвæст кардау сæ разы Æдзæм ысяæууыдис уæлвонг Æмæ йæ сау цæстытæй нуазынц Ныфсы сæрзилынгæнæг ронг. Фæлурс, фæтæитæ ныхыл хъуыды Æнкъард, фæллад улæнтæй бадт; Æлхынцъ, æрдынæлвæст æрфгуыты Нымбæхсти мастисыны фат. — «Фæнды мæ, Хуссар Ир, зæгъон уын Цыбыр уæ ревкомы фæдзæхст! — Цыма ныззæлланг кодта ’ндоныл Дзырд нæ, — болат фæринчы дзæхст. 5. Бестауты Г.
Уынут æй: уæлдæфы стæм, махæн Нæ зæхх нæ къæхты бынæй байст. Ингæнтæ уæлдæфы куыд къахæм, Кæнæ цы фæкæнæм иæ маст?! Нæ къуым, нæ фыдæлты уæлмæрдтыл Нæ ныфс æртхутæгæй ныппырх, Уæддæр ма рахастам нæ кæрдтыл Афтид сæрибары быдыргъ. Сæрибар, — уый ма нæ уырныдта. Уым нуæрст ныфсы стъæлфæн уыдис Æмæ ныл хур боны куы ныттар, — Нæ разæй, балхонау, цыдис. Сæрибар, — не ’нхъæлцау цæстытæн Æнус кæмæ уыдис сæ каст; Нæ зæхх, нæ тугуарæн хæстытæ; Æзнагæй райсинаг фыдмаст. Ныр та сæрибары зæрдæмæ Фыдгулы топпы дзых ныккаст. Æздæхæм, нæ, нæ сæфт бæстæмæ, — Мæскуы, сæрибарыл у баст. Сæрибар, — уымæн нæй фæцудæн! Уый нали, байста нæ йæ знаг, — Уæд зонут — алыгис нæ удæн Йæ фæстаг тугдадзины таг! 66
Нæ зынгхуыст тохæмбæлттæн сыстæн Куы уаид сау сыджытæй, уæд Нæ хуыссид иу дæр сæ сæрхызтæй, — Дыккаг хатт райсиккой мæлæт. Зæрдæныфс карз хæстæй æвæрут, — Ирон хæс фидгæ нал у, цы? Нæ тых нæ мастимæ дывæр у, — Нæ бон ма бауыдзæн хæцын!» Йæ дзыллæйæн карз фæдзæхст загъта, Ныссабыри, нал хъуыст йæ хъæр, Фæдисы дзæнгæрæг сын цагъта Йæ ныхас сæ туджы уæддæр... Фæкодта фæсус хъыллист уадæг, Æсхъомпали вакзал æваст. Ныггуылф кодтой вагæттæм адæм, Æзнæт Терчы улæнтау, раст. ...Хæрзбæттæ... Рæвдауæн ныхæстæ: «Чысыл-ма фæгæдзæ хъæуы; Сырх Æфсад уал фервæза хæстæй, Кæд уайтагъд нæ фестæм хъæуы!..» Кремль дзæнгæрæг цæгъды, Алчи хæстмæ цæуы; Уадæг Иры хæхты, Бомбæргъæвдау лæууы. 67
Маст, æнусон фыдæх.. Рæстæг Хæстæй -— хуыдуг. Ризы, ризы та зæхх, Уары, уары та туг. 68
УАЛДЗÆГ Хæхтæ, уалдзæг та ’рбафсæрста, Мæнæ ралæууыд майы мæй. Ратахт мыдыбындз, бафсæсти Хуры рухс тынты найынæй. Уæ, дæ. рынтæ дын бахæрон, Æрдз, дæ хъæбулыл баузæл, Æмæ дунемæ райхæлон, — Лæг нæ дæн, фæлæ — малусæг. -Алы цъититæтайæны Цинæй ме ’рхæндæг раивын. Мæнæ ралæууыд майы мæй, Хæхтыл цардулæн аивылд. ...Æмæ не скасти дидинæг, — Уый æз бахудтæн тулдзы бык; Уалдзæг не ’рвиты фидиуæг, — Уый мæ уд æртахт — хурцыбæд* 69
Н Ы С Т У А Н Нæ, мæ бон, ничи мæ Дардзæнис азымы, Уадз æмæ дун-дуне зона: Рæзтæн Ирыстоны Аргъæутты зазы бын, «Ало-лай» хъуыстон иронау. Ацы чъылыхдон, Хуырджын мæры равзæрдтæн, Хурмæ дзы, билцъау, ыскастæн, Рахастон мемæ Мæ Иры рæдау зæрдæ, Къæйтæм мæ уидæгтæй баст дæн. Систы мæ удæнцой Тымыгъы ’хситтытæ, Арвæрттывд, арвы гæрæхтæ. Хæхтæй æнусон Цæхæркалгæ цъититæ Дарынц мæ удмæ цырæгътæ. 70
Иры бæрзæндæй Фæлгæсдзынæн а-бæстыл, Ир у мæ фыццаджы сагъæс. — Бацыдис, ахъардта, Тугау, мæ къабæзты. Йе ской мæм уайдзæфæн ма ’рхæсс! Ме сконд, мæ мидгуырдзæй Ахицæн Иры ’гъдау, — Уаин, быдыргъау, хæрзафтид. Ахæм фыдæрцыдæй, Карды нырриуыгъдау, Мæрдтыл, цæрдудуæвгæ, бафтин. Канд æз нæ хитин Æнæ мæ Ир цинхуыстæй, Рухс-ма фæхъæуид æнустæй: Иу хуыз ирон хуыз у Дунейы мин хуызтæй, Арвырон уаид фæлурсдæр... Нæ, мæ бон, ничи мæ Дардзæнис азымы, Уадз æмæ дун-дуне зона: Рæзтæн Ирыстоны Аргъæутты зазы бын, «Ало-лай» хъуыстон иронау. 71
Ме скаст — Ирыстонæн Ингæнмæ кувдзынæн, Уарт ын куы фестин æз абои! Никуы куырдтон æмæ Никуы дæр курдзынæн Уымæй ыстырдæр хæрзамонд. 72
САБИ Рухс тынтæ дыл уафы мæй; Систа та дыл цинтæ, Хъавгæ дыл узæлы: Де^ слæг æй фæнды. Авдæнхъæдыл афынæй Де ’рыгон гыцци дæр. Арв кæмдæр ныннæрыд, Фестъæлфыдтæ ды. Дæу цы кæны стъæлфын та?— Сыстыр мын у, сыстыр. Ма базонай хъуамæ — Циу. фыдтас, фыдбон. Æви тасы стъæлфæнтæй Се ’мыдзаг уыдысты Де сфæлдисæг сау мæр, Уæлдæф æмæ дон?! 73
Арвы нæрын, хæсттыфыл Банкъардта дæ баба; Уæд нæ хъуысти зарæг, Уæд нæ зыдтам цин. Уайы ма мæ цæстытыл: Сатæг-сау — йæ къаба, Райдыдта-иу хъарæг Ме ’рыгон гыцци... Се ’ппæтыл та чи дзуры! Байрæз, ба, мæ къона, Хæст цæстæй дæр ма фек. Хъæлдзæг бонтæ ’рвит... Гъе, фæлæ хæстсидзæрæй Кæд, мæнау, нæ зонай Зарын æмæ кафын, — Тас дунейы ’лгъит. 74
УАЛДЗЫГОН КЪÆВДА Рахсыст цыма Йе ’рфытæй Денджыз раст, — Фелхынцъ кодта Йе ’рфгуытæ Арв æваст; Йе ’хсаргардмæ Февнæлдта Уалынджы, — Ачъепп ласта Арвæрттывд Талынджы. Арв нæрынтæ Сагайдта, — Раскъуыди. Фезнæт ысты Сæгуыттæ Наз хъæды, 75
Къада дæттæ Се ’мбылтæй Калдысты, Адгуыты та Худæгæй Мардысты... Фæлæ мæнæ Бон фæхудт, Рахури, Дидинджытæй Зæххы хур Ахуры. Хæхты сæрмæ Арвæрдын Разындис, Хъусцæджытæ Хъоппæгыл Хъазыдис. Зилы, зилы, Уæлдæфы Назы тæф, — Садзы, садзы, Зæрдæтыл Базыртæ. 76
МИТЫ КЪУЫБАР Æз кæсын Мæ рагбонтæм Æдзынæг, Мигъвæлмы Мæ цæсты тигъ Нындзыг. Уайы цыма Зæрдæйыл Тæдзынæг, — Къулæй хъуысы Сахаты Цъыкк-цъыкк. Æз кæсын Мæ рох бонтæм Æдзынæг, Дард кæмдæр Мæ цæсты тигъ Нындзыг... 77
Арвы дуарау Байгом æмæ Разынд Мигъвæлмæй Мæ цардуалдзæг Æваст: Хиуайы Кæркæ-мæркæ Цъæх базыр Худы, цыма, Арвырон у раст. Æхсæрдзæн, Хъæддаг, байрагау, Хъазы Арф комы, — Цæгъды цыма Хъуытаз. Мах — уæлыгæс... Бамбæхстæ мын Фæскъæй. —Ехх, — зæгъын, - Æссар ’мæ дæ Фæнæм. Ды, чысыл, Цъæхдзаст зæдау, Æдæрсгæ, 78
Бабастай Дæ мидбылхудтæй Мæн Æмæ ногæй, Цъититæй Лæдæрсгæ, ’Взист доны Тъыбар-тъыбур Кæнæм... Куы — зымæг. Куы хур кæны Дзæгæрæг. Азтæ уайынц Базырджын Бæхтыл. Ахуырафон... Фестадтæ Къæркъæраг Æмæ цинæй Нал лæууыс Къæхтыл... Не скъолайы Стыр Бурæ дзæнгæрæг — «Дзинг-дзинг» — цыма Абон дæр Цæгъды... 79
Иу бон та нын Бацайдагъи Хъазын, Худгæ ’рбахастай Урс миты къуыбар. Фемдзаст ыстæм, Ме ’нæрцæф сæр Разылд, Дарынц мыл Уæдæй нырмæ Сæ бар: Нарæг æрфыг — Сау сынты Тыгъд базыр, Даргъæлвæст Сæгуытдзæстыты Тар... Уый уыди Фæстаджы фемдзаст Махæн, Атахтæ- ды Дард горæтмæ Стæй; Бацардтæ Мæ зæрдæйы Паддзахæй, Де ’рцыдмæ Фæбæллыдтæн 8С
Тыхстæй. Æмæ ’рцыдтæ... Уыд нæ фембæлд Ахæм... — Бастъæла, Куыд æй радзурои, Цæй? Уæд æцæг Зымæг уыди, — Декабырь, Худгæйæ дæм Разгъордтон Куыддæр, — Бахстон дыл Фæлмæн къуыбар Хæрз сабыр. Систай мит Æнæбары Ды дæр... Урс къуыбар Мæ сау бецыккыл Апырх Æмæ баззад 3. Бестауты Г.
Урсхилæй Мæ сæр... Ныр кæсын Мæ рагбонтæм Æдзынæг, Мигъвæлмы Мæ цæсты тигъ Нындзыг. Ингæнмæ Мæ зæрдæйы Цæрдзынæ, Ме ’взонджы Рæсугъд цин æмæ Хъыг... Æмæ уайы Зæрдæйыл Тæдзынæг Æмæ хъуысы Сахаты цъыкк-цъыкк». 32
РÆСУГЪД БÆЛЛИЦ Фæцæуын уынджы сабыргай... Тындзы та Дæумæ мæ хъуыды, Калы риу тыфылтæ. Сæууон уæлдæфы, Урс мыдыбындзытау, Тæхынтæ систой Рог миты тъыфылтæ. Мæ цинтæ та Мæ дзырдты разæй фесты Æмæ мæм сидынц: «Исты зæгъ уæд та йын...» Зæгъын: «Фæнды мæ миты тъыфыл фестьш.. Дæ цæсты хауыл Абадын, æртайын... 83
& *& И: Нынныгуылд хур. Æрвгæрон у сæнт сырх. Мæнæй йе ’хсæн — Бæрз бæлæстæ — рæнхъ пырх. Кæсын сæм Æмæ хатын: Цыма гуырвидыц Хъал ирон чызджытæ Сæ къабатыл Сæ пылыстæг уæрджытæм Хæцынц æмæ Лæууынц сыгъзæрин цады. 84
* * * Уарзты зæдау рог æртахтæ, Азæлыд дæ худын. Цымæ, ’взист хъуытæзтæ цæгъдгæ, Бацыдтæ мæ уды. 85
ИНДИАГ КИНОНЫВ «НОГ ДЕЛИ»-ЙЫ КАФАГ ЧЫЗГ ВИДЖЕНТИМАЛАЙÆН Уарзты бардуаг, индиаг рæсугъд чызг, Ахсæв бонмæ уайдзынæ мæ цæстыл: Мигъдзæссыгау дидинæджы къусчы, Мидбылхудгæ, нымд æмæ къæмдзæстыг. Ахсæв фыны Индимæ цæудзынæн, Бацæудзæн дæ уарзты хуызы ме ’ндæрг. Ды зæды дзæнхъа цыртæй лæудзынæ, Царды зынг дæ ссудздзæни мæ фендæй. Алфæмблай ныррухс уыдзæн дæ кафтæй, — Тары цыма уый, цырагъау, сысты. Де ’лвæст астæу афтæ тасдзæн, афтæ, — Кобрæтæ дæм, хингондау, кæсдзысты. Де ’рыгон пылыстæг буары ферттывд Зæрдæтæм алдзæн тынтæ ныддардзæн; Мæнæ цыма хуры чызджы йе ’ртты рахæссы, тæмæнтæкалгæ, уалдзæг. 86
Кафыс æмæ бакæныс дæ уацар Индийы тызмæг паддзах — ыстайы; Кафыс æмæ сау марджы фыдазар Кобрæйы зыд цæстыты дæр тайы; Кафыс æмæ цин мæ туджы бацыд, Фæлæ ризы сусæг тас мæ уды: Де ’рвон уæнгтæй ма фæрисса мацы, — Авгфæрдыг дæ, — диссаг нæу фæцудын. Гауызмæ дæ уæрджытыл куыд хауыс, — Байтындз мын дæ къæхты бын мæ зæрдæ! Уый фæлмæнæн никуы фенди гауыз, — Тайдзынæ йæ уарзæгой узæлдæй... 1963 аз. 87
УАРЗÆТТЫ ДУЭТ (Зарæджы текст) — Макæ, чызгай, ма мæм бæлл, — Æз æнкъард дæн, сидзæрау; Ахæм равзар цардæмбал, — Хъазгæ, худгæ чи цæра. — Уæд цы кæнын хъæлдзæгæй, — Царды мур мæт ма кæна? Азы фидыц — уалдзæгæй Цины цæссыг ма кæла?! — Æз æдзæм цъæх денджыз дæн; Дьиэ,— хъуытаззæл сау суадон. Хъуамæ, цины ленчытæй Де ’нкъард уды бафсадон. — Æз æгуыппæг тар хъæд дæн, Ды — рæууддзæф цинцыбæл. 88
— Зазбæлæстæн, фатхъæдтæн Се ’ртæх сыфтыл симдзынæн. — Æз æхсæвы талынг дæн, Ды — цырагъдар хуры тын. — Арвырон, ыстъалытæй Худдзынæн дæ сурæты. — Уæдæ ратæх, хурзæрин, Тар æхсæвы бабуц кæн; Хъæд — æртæхдзæст худдзæни; Денджыз цинæй абуздзæн. 89
* * * (Зарæджы текст) Ракæс-ма, чызгай, Баззади дæ цæстыты мæ уд. Ма мæм у тæргаи", Иу хатт мæм дæ мидбылты фæхуд! Айсаф мын мæ маст, Сагъæс мын мæ зæрдæйæ фæсур; Мæнæ цыма скаст Мигъты ’хсæнæй арвыроны хур. Рухсдзæсгом чызгай, Уалдзæджимæ ивддзæгтæ кæныс; О, мæ зæды хай, О, мæ ризгæ. хуры тын, мæ ныфс. Ракæс-ма, чызгай, Баззади дæ цæстыты мæ уд. Иу хатт мæм чъызгæ, Аивæй дæ мидбылты фæхуд.
НÆ ГОРÆТЫ КЪУЫДИППЫТÆ Кысхъæл кодтой сæ бæрзæйтæ, Сæ къухтæ — тъыст сæ дзиппыты Æмæ цæуынц сæрбæрзондæй Нæ горæты къуыдиппытæ. Фæбарынц цард зындонимæ, — Фæтонынц æй æвзæрдæйæ. Уый, райгуырдысты дунемæ Тæргай æмæ хъыгзæрдæйæ. Нæхи цардыл — былысчъилтæ, Фæсарæнтæй куы сыппæлынц! Иронау ма, дам, исчи дæр Ныхас йæ дзыхæй сыппары?! Цыргъвындз дзабыртæй асфалтыл Цы фæразынц тын уафынæн! Æниу сæ ’фхæрут цас фæнды, — Кæд райгуырдысты кафынæн! 91
Æрхъызы дæндаг — бурзæрин Сæ дзыхæй чызгмæ февдисынц; Сæ сомыгæнæн — хурзæрин, Сæ «судзгæ» зæрдæ се ’вдисæн... Хур аныгуылы, атайы, Сæ зæрдæйы уарзт ахуыссы. Тæнзæрдæ чызг йæ катайы Сæ уазал сурæт ахæссы... Нысхъæл кодтой сæ бæрзæйтæ, Сæ къухтæ — тъыст сæ дзиппыты Æмæ цæуынц сæрбæрзондæй Нæ горæты къуыдиппытæ.
СÆЙРÆГТÆ ]тай зоопарчы 3 Ехсæв æмæ бон 5 * * (Гъæйтт!..) 7 Уалдз^гон æхсæв 9 г * * (Зоиын,..) 11 * * (Мигътæ...) 13 * * (Дæлæ хъæддаг цъиу) к . . ,14 "онет 15 * * (Абондæргъы) 16 Зыфс . 17 * * (Дыууæ цæсты) 19 * * (Ма, нæ хæлар) 21 Сахат 24 [[адавар 25 1ыфсы таг 26 [улиан Гримау 27 Варæг 30 * * (Ды уæздан дæ...) 31 ’улиа Димитры амæлæтыл 34 Рухс . ........ 36 93
Æвирхъау ныв . 38 Сæумæрайсом Ручъы ’фцæгыл .... 40 Хæхтæ ...... г . 41 Ныв .42 Æртындæс . 43 Къостайы бæрæгбоп К/ьахеты .... 45 «Хурзæринæн» ....... 49 Чи зоны . 351 Æнусты балц 52 Сатанайы куывд 56 Лæджы къухты тыллæг 59 Тохмæсидт (иу сæр поэмæ «Бургъусганæй») . 61 Уалдзæг . 69 Ныстуан 70 Саби 73 Уалдзыгон къæвда 75 Миты къуыбар 77 Рæсугъд бæллиц 83 * * * (Нынныгуылд хур) "84 * * * (уарзТы зæдау...) 85 Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Вижентималайæн) ’ 86 Уарзæтты дуэт . 88 * * * (Ракæс-ма, чызгай) 90 Нæ горæты къуыдиппытæ 91
ГЕОРГИЙ ГЕОРГИЕВИЧ БЕСТАУТЫ НОЧЬ И ДЕНЬ (Стихи на осетинском языке) Книжный сектор Юго-Осетинского издательства Цхинвалп — 1966 Редактор И. К. Плиев Художник В. Г. Цховребов Худредактор А. Д. Ванеев Техредактор Н. С. Сиукаев Корректор Д. С Кумаритова Сдано в набор 10. XI. 1966 г. Подписано к печати 10. XII. 1966 г. Заказ № 1099. Формат бумаги 70х92уз2 см. Изд. листов 2,7. Печат. листов 3. ЭТ 00335. Тираж 1000 экз. Цена 15 коп. Цхинвальская типография Главполиграфпрома, г. Цхинвали, ул. Московская, 5.