Text
                    ДЗЫРД ÆМÆ ЦАРДЫ
РÆСТДЗИНАД
ЛИТЕРАТУРОН-КРИТИКОН УАЦТÆ
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
ОРДЖОНИКИДЗЕ *1985


83.30сет Д391 Составитель К. X. X о д о в Книга рекомендована к печати секцией крнтнки СП СО АССР Дзырд æмæ царды рæстдзинад: Литера- Дз91 турон-критикон уацтæ.—Орджоникидзе: Ир„ 1985.—112 ф. 15 к. В сборник включены литературно-критические статьи по< наиболее актуальным вопросам современной осетинской лите- ратуры. Авторы затрагивают важные проблемы взаимосвязи традиции и новаторства в прозе, поэзии и драматургии. 4603000000—82 Дз 46—85 83.30сет М131(03)—85 © Издательство «Ир», 1985
ТТГ ШШ^ЖгШ-Ш *НШг*Ш^Жн!гШ ННТгЫгШ’тъи Ш^ТТШ-’Ш КАЛОТЫ ГЕОРГИ ФЫДЫБÆСТÆЙЫ ХÆСТЫ ТЕМÆ ИРОН ПОЭЗИЙЫ Дзæвгар рæстæг рацыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы фæци, советон адæм немыцаг лæбурджыты куы ныддæрæн кодтой, уæдæй нырмæ. Раджы байгас сты нæ бæстæйы стыр хъæдгæмттæ. Фæлæ нæ рох кæнынц æвирхъау хæсты бонтæ, æгæ- рон зиантæ, стæй—Уæлахизы цины хабар. Фыдызнаджы ныхмæ карз тохы бацыдысты ирон адæм дæр. Уыдон хъæбатыр тох кодтой хæсты алы фронтты, сæхи равдыстой нæ бæстæйы иузæрдион пат- риоттæй, бирæтыл дзы адæм сарæзтой кады зарджытæ. Цæгат Ирыстоны автономийы 20-æм азы бæрæгбоны фæдыл нæ партийы ЦК æмæ Советон хицауад 1944 язы 8-æм июлы сæ арфæйы ныхасы фыстой: «...Сыны осетинского народа в борьбе с гитлеровскими захват- чиками показали образцы героизма и мужества». Уы- цы стыр ныхæстæн æвдисæн у уый, æмæ ирыстойнаг æфсæддонтæй фæндзайæ фылдæрæн лæвæрд кæй æр- цыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном (уыдонæй 33— прæттæ), æртынæй фæфылдæр сты инæлæрттæ, цал- дæр мины райстой Советон хицауады хæрзиуджытæ. Немыцаг лæбурджытимæ хæцæг æфсады æмæ пар- тизанты рæнхъыты хæцыдысты, нæ фысджытæй хæ- цынхъом чи уыд, уыдон: Дзадтиаты Тотырбег, Хъай- тыхъты Геор, Дзадтиаты Георги, Плиты Грис, Цæгæ- раты Максим, Гаглойты Никъала, Дарчиты Дауыт, Токаты Асæх, Плиты Харитон, Цырыхаты Михал, Гаг- лойты Федыр, Хъазыбегты Хъазыбег, Мæргъиты Къос- та, Дзугаты Георги, Мыртазты Барис, Бекъойты Ели- оз, Джусойты Нафи, Цæгæраты Гиго, Аоаты Реуал, Баситы Михал æмæ æндæртæ. Фысджытæ цыфæнды зын уавæрты дæр нæ рох код- той аив уацмыстæ фыссыны ахсджиаг хъуыддаг — 3
фыстой æмдзæвгæтæ, къаннæг радзырдтæ, ечерктæ, репортажтæ... Советон литературæ кæддæриддæр æнгом баст уыд адæмы цардимæ. Уыцы миниуæг ноджы фæтыхджын- дæр хæсты бонты. Хæст, уæлахизыл тох — систы сове- тон литературæйы сæйраг темæ. Нæ фысджытæ сæ уацмысты æвдыстой не ’фсæддонты сгуыхтдзинæдтæ æмæ нæ адæмы фæллойадон æнтыстдзинæдтæ фæс- фронтьт. Æвдыстой фашистон лæбурджыты æвирхъау митæ нæ республикæйы оккупацигонд районты, адæм- мæ сидтысты знагæй маст исынмæ. Ирон литерату- рæйы сæйрагдæр темæтæ уыдысты советон адæмтьг æгæрон æхсар, сæ фидар хæлардзинад æмæ тыхджын патриотизм. Фысджыты æмдзæвгæтæ, очерктæ, радзырдтæ газет- тæ æмæ журналты зынын байдыдтой суанг х&сты фыц- цаг бонты. Уыдонæн сæ идейон нысан уыд советон адæмты уæлахизы сæрыл тохмæ разæнгард кæнын. Фæлæ уыцы уацмыстæ хæсты æвирхъау мидис æмæ æбуалгъы цаутæ арф нæма æвдыстой. Сæ сæйраг поэ- тикон миниуæг уыд сидтон-агитацион пафос. Хæсты сæйраг архайæг, советон салдат,~æвдыст цыд, кард кæй нæ кæрды æмæ топпы нæмыг кæм нæ хизы, мæлæт æппындæр чи ницæмæ дары, ахæм адæймагæй. Æцæг, реалон хуызы нывгонд нæ цыдысты уымæн йæ мид- дуне, йæ зондйхаст , йе ’нкъарæнтæ. Фæлæ кæд поэтикон мадзæлттæй бынтон рæвдз нæ уыд нæ поэзи хæсты райдианы, уæддæр æххæст кодта йе стыр хæс: æвдыста тугмондаг знаджы æбуалгъ ми- тæ, йæ ныхмæ сидт æнауæрдон тохмæ, адæмы зæрдæ- ты уагъта ныфс, уыд уæлахизыл æууæндыны аивадон хотых. Ирон поэттæ фронты дæр æмæ фæсфронты дæр ар- хайдтой активонæй. Хæсты цыппар азы дæргъы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл мыхуыры рацыд нæ поэтты хæстон уацмысты цалдæр иумæйаг æмбырдгонды. Хæст дарддæр куыд цыд, афтæ бæлвырддæр кодта нæ поэзийы лирикон геройы фæлгонц, растдæр æргом- гонд цыд йæ миддуне, йæ характер. Хæсты тыххæй уæ- лæнгай ныхæстæ фæкъаддæр сты, ирддæрæй разынды- сты советон æфсæддоны моралон миниуджытæ, йæ æгæрон æхсар æмæ фидар зæрдæйы уидæгтæ — Рай- гуырæн бæстæ стыр уарзтæй уарзын, социалистон пат- 4
риотизм, советон адæмы маст æмæ æнæуынондзинад немыцаг фашисттæм. Хæсты райдианы фидарæй айхъуыст нæ фысджыты хистæртæ Коцойты Арсен æмæ Гулуты Андрейы поэ- тикон хъæлæс. Иемыцаг стигъджыты æлгъаг митæ Ар- сен аивадон хуызы равдыста йæ сатирикон фельетон «Кæфхъуыидар»-ы. Гулуты Андрей сидт советон адæмтæм тохмæ рæст- дзинады сæраппонд («Мæ зарæг», «Амонды зарæг»). Адæмты патриотизм Гулуйы-фырт равдыста (поэмæ «Хъæбатыры мæлæт») советон хъæбатыр тæхæджы фæлгонцы. Хæсты азты удуæлдай куыст кодта поэт Нигер: фы- ста æмдзæвгæтæ, позмæтæ. Кавказы хæхтæ мæстæй цъæх арт уадзынц фашистты æрдонгты æбуалгъ ми- тæй, фæлæ советон адæм æмæ йе ’фсад сæххæст кæн- дзысты фыдæлты фæдзæхст: æгады бæсты — мæлæт! Гъе ахæм стыр патриотон хъуыды зæгъы Нигер йæ кадджыты «Ирыстон» æмæ «Сырхæфсæддон дзур- дзæн»-ы. Боциты Бароны поэмæ «Партизан Бибо»-йы немы- цаг афицертæ йæ хæдзары минас куыд кодтой, афтæ сыл Бибо баппæрста гранаттæ æмæ сæ ныццагъта, йæ уарзон чызг дæр дзы фæмард, йæхæдæг фæци мæлæт- дзаг цæф. Советон адæймагæн йæхи цардæй, уарзон бинонты цардæй зынаргъдæр у Райгуырæн бæстæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл дзæвгар поэ- тикон уацмысы ныффыста Плиты Харитон. Фыдыбæ- стæ уарзын, адæммæ æнауæрдон тохмæ сидын, хæлар- дзинад, совётон патриотизм — сты Харитоны æмдзæв- гæты сæйраг мотивтæ. Советон бæстæйы хъæдгæмттæ æмæ фæразондзинад Епхиты Тæтæри бары, знаджы нæмыджы цæфтæн чи бафæрæзта æмæ та ног къабæзтæ чи рауагъта, ахæм тулдз бæласимæ (поэмæ «Цы мын дзырдта тулдз бæ- лас»). Йæ иннæ кадæг «Фаззæтты» дыууæ фаззон хойæ иу бæллы тæхæг суæвынмæ, иннæ — поэт суæвынмæ. Сæ бæллицтæ æмæ сын се ’рыгон цард æвиппайды ас- къуыдтой знаджы пулеметы нæмгуытæ. Æдзард фаз- зæтты тæригъæдæй удхор фашисттæм адæймаджы зæр- дæ судзы фырмæстæй. Бирæ æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ ныффыста хæсты темæйыл поэт Дарчиты Дауыт. Йе ’мдзæвгæ «Уый федтон æз», зæгъгæ, уым фыссы: 5
Уый федтон æз. Хæсты быдыры Хуыссыд уæлгоммæ ’нцад, Цыма йын йе ’рцыдмæ нæ касти Йæ ныййарæг, йæ мад. Цыма йæ цуры зæхх нæ сыгъди, Цыма нæ уарыд зынг. Цыма дын карз хæсты йæ риуæй Нæ ахызти нæмыг. Поэмæ «Чабæхан»-ы Дарчийы-фырт ракодта æры- гон ахуыргæнæг Баситы Чабæханы хъæбатырдзинады хабар: уый Райгуырæн бæстæйы сæраппонд æрхаста йæ цард. 1944 азы мыхуыры рацыд, Хъайтыхъты Геор хæсты рæстæджы кæй ныффыста, уыцы уацмысты æмбырд- гонд «Хæсты бонты». Автор æвдисы советон æнæба- сæтгæ фæразондзинад фронты дæр æмæ бынаты дæр. Георы хæстон лирикæйы зынгæ бынат æрцахста сове- тон адæмты хæлардзинады мотив. Сæ фырттæ хæсты кæмæн сты, уыцы мадæлтæ, суанг зæронд устытæ дæр колхозы кусынц æмæ æххуыс кæнынц уæлахизы хъуыддагæн, зæгъы Ардасенты Ха- дзыбатыр йе ’мдзæвгæ «Мад»-ы. Дзугаты Георги йе ’мдзæвгæты сидт хъæбатыр тох- мæ, æвдыста æфсæддонты гуманон хæс, се стыр сгуых- тытæ. Поэт Хъазыбегты Хъазыбег Фыдыбæстæйы хæсты темæйыл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдоны сарæзта, знагыл фæуæлахизы сæраппонд йæ цардыл чи нæ ауæрста, ахæм советон æфсæддонты фæлгонцтæ. Уый фыссы йе ’мдзæвгæ «Фронтæй», зæгъгæ, уым: Зонун десгæнгæ исдзордзæнæ: «Дæ хелтæ — уорс... Къæсхур...* Мæнæй дзуаппи хай райсдзæнæ: «Нæ тох адтæй устур!» Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæ зынгæ бынат æр- •цахста Гафезы (Гаглойты Федыры) поэзийы. Уацмы- стæ бацыдысты йæ чиныг «Адджын у цард», зæгъгæ, уымæ. Гафезы æмдзæвгæтæй фыст уацау «Аминæт»-ы ми- дис у советон адæмты хæлардзинад фронты дæр æмæ бынаты дæр, сæ хъазуатон фæллой. 6
Цыты хъæбатыр тох у абон,— Æгадмæ макуы ’руадз дæ сæр! Лæгдзинад равдисынæн афон Нæ уыд ныртæккæйæ хуыздæр. Мæ бæстаг, ма ауæрд дæхиуыл! Нæ тох — уæлахизæн куырдадз,— Лæгæргæвдæг фашизмы риуы Дæ кард йæ фистонмæ ныссадз,— — афтæ фыста Плиты Грис 1941 азы. Грис Фыдыбæстæйы хæсты цаутыл акъоппыты цы поэтикон уацмыстæ ныффыста ,уыдон хицæн чиныгæй рацыдысты 1948 азы. Уыцы уацмысты сæйраг миниу- джытæ сты советон адæмы æхсидгæ патриотизм æмæ тыхджын æнæуынондзинад дунейы адæмтæн цагъар- хæссæг фашисттæм. Поэт йæ чиныг цы номæй схуыдта («Салдат»), уый йын æргом кæры йæ сæйраг идейон мидис. Поэт са- рæзта советон салдаты тыхджын æмæ бирæвæрсыг фæлгонц. Советон салдат знагæй бирæ тыхджындæр уымæн у, æмæ йæ зæрдæ фидар у советон адæмты пат- риотизм æмæ оптимизмæй, сæ хæлардзинад æмæ уæ- лахизыл æууæндынæй. Советон салдат Райгуырæн бæстæйы раз уымæн æххæст кæны йæ хæс, кæд ын цы- фæнды зын у, уæддæр. Уый хæсты райдианæй йæ кæ- ронмæ цы дард фæндæгтыл фæцыд æмæ цы хъизæ- мæрттæ баййæфта, арæх-иу гæрзифтонг знагимæ мæ- лæтдзаг тохы куыд бацыд æмæ хæсты кæрон уæлахи- зимæ сæхимæ куыд сыздæхт, уыцы хабæрттæ нын поэт ракодта йæ монолог «Салдат»-ы. Грис абон дæр нæ уадзы рохуаты Фыдыбæстæйы хæсты темæ, арæх æй йæ зæрдæ ахæссы уыцы карз дугмæ, сног вæййынц æбуалгъ цаутæ. Поэт хæстон ха- бæрттыл ныффыста цалдæр уацмысы. Сæ зындгонд- дæртæ сты: «Авд цухъхъайы», «Фæндзæм хъама», «Æртхутæгдон», «Мады фæдзæхст» ^æмæ æндæртæ. Фыццаг дыууæ уацмысы поэт иттæг хорз равдыста, сæ фырттæ хæсты амæттаг кæмæн баисты, уыцы мадæлты стыр маст æмæ зæрдæйы рыст. Иннæ дыууæ уацмысы та фыст сты ирон адæмы номдзыд хъæбул æмæ æф- сæддон разамонæг Плиты Иссæйы тыххæй. Фыдыбæстæйы хæсты темæйыл æмдзæвгæтæ æмæ цалдæр поэмæйы ныффыста Саулохты Мухтар, равды- ста сæ советон адæмы тох немыцаг лæбурджыты ных- 7
мæ. Иæ поэмæ «Хъæбатыр æфсæддон» нывæст у Со- ветон Цæдисы Хъæбатыр Цоциты Василийы цард æмæ хæстон сгуыхтдзинæдтыл. Цалдæр сатирикон уЗцмысы та Мухтар худы дунейæн æлдариуæг кæнынмæ тыр- нæг фашистон разамонджытыл. Ирон фысджытæй хæстон темæтыл чи фыста, уыдон иу æмæ дыууæ не сты. Фæлæ се ’хсæн бæрæгæй зыны Мыртазты Барисы хæстон поэзи. Поэты æмдзæвгæтæ: «Калм», «Уацары», «Ингæнæй тохмæ», «Тельманы арт», «Уырыссаг рæвдыд», «Инæлары цæссыг», «Зынг- хуыстытæ», «Зцаджы нæмыг», «Зæрдæты таурæгъ» æмæ æндæртæ чиныгкæсджыты раз æрæгас кæнынц хæсты уæззау бонтæ: Нæ федтон хур мæ фаг; æрмæст мыл Ыскодта уалдзыгон сæумæ... Фæлæ мæ туг калгæйæ хæсты Цыдтæн, бæсты амонд, дæумæ! Куыд та ныддаргъ и ацы ’хсæв дæр! Цымæ кæд ысрухс уыдзæн бон? О дохтыр, сдзæбæх кæн мæ цæфтæ, Æмæ та стыр тохмæ цæуон! Фыдыбæстæйы хæсты темæ зынгæ бынат æрцахста Цырыхаты Михалы поэзийы дæр* Поэмæ «Мастисæг»- ыл поэт кусын райдыдта суанг фронты æмæ йæ фыст фæци хæсты фæстæ. Поэмæйы герой — зæронд лæг — фервæзын кодта уæззау цæф советон салдаты. Сал- дат разынд зæрондæн йæхи фырт. Фыды зæрдæ фех- сайдта, кæд знагимæ тохы тæппуд разынди, зæгъгæ, æмæ йын йæхи къухæй марыны тæрхон рахаста. Фæ- лæ фырт зæронд лæгæн радзырдта, знаги^æ тохы кæй фæци уæззау цæф. Уый фæстæ йæ уд систа фыды хъæбысы. Фыд йæ бæхыл саргъ авæрдта æмæ атын- дзыдта знагæй йе стыр март райсынмæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæ арф фæд ныууагъ- та Джусойты Нафийы сфæлдыстады дæр. Йæ чиныг «Салдаты зæрдæ»-йы зынгæ бынат æрцахстой хуымæ- тæджы æфсæддойы хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ, йæ зæрдæйы ахаст адæммæ, Райгуырæн бæстæмæ: Ам уды хосæн дæр лæг не ссардзæн аууон, Ам алы уынгыл дæр — салдатæн сæрсæфæн, Уæддæр кæд нæ фæдзæгъæл уаид нæ аконд, Салдаты фæндагæй нæ ахизид фæсвæд. 8
Æмдзæвгæтæ «Чи дæ?», «Акъоппы», «Писыртæ мæ æр- тæ хатты баныгæдтой» æмæ æндæрты лирикон герой хайджын у лæгдзинад æмæ æхсарæй, немыцаг лæбур- джыты ныхмæ хъæбатыр тох фæкодта, бирæ фæсарæй- наг бæстæты æмæ карз тохы фæндæгтыл бахæццæ Бер- линмæ. Хæсты темæ зынгæ бынат æрцахста нæ зынгхуыст поэттæ Калоты Хазби, Кочысаты Мухарбег, Елехъоты Мурат æмæ иннæты уацмысты дæр. Уыдон сæ цард радтой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд, фæлæ сæ дис- саджы зарджытæ баззадысты адæмы зæрдæты. Фыдыбæстæйы Стыр хæст æгæрон бæллæхтæ æрха- ста советон адæмæн. Уый нæ рох кæны абон дæр, нæ ферох уыдзæн фидæны дæр. Нырыккон ирон поэттæ бирæ фыссынц ацы темæйыл. Цалдæр зæрдæмæдзæугæ поэтикон уацмысы ныффыста поэт Джыккайты Ша- мил. Иæ поэмæ «Сыгъди сæуæхсид»-ы поэт хæсты стыр трагеди равдыста ирд поэтикон ахорæнтæй. Авторы бон баци йæ лирикон геройы, советон салдаты стыр сгуыхтдзинад сныв кæнын, йæ вазыгджын миддуне йын раргом кæнын, цард æмæ хæсты тыххæй йын йæ хъуыдытæ равдисын, хæст æмæ цард ныхæй-ныхмæ æрæвæрын. Адæймаджы зæрдæ арф агайынц Шамилы æмдзæвгæ «Мæ Иры урс тала бæлæстæ»-йы æнкъа- рæнтæ. Иры чызджытæй хæсты рæстæджы куырдуаты чи баззад , уыдон сæ цæссыг калгæ ныр дæр æнхъæл- мæ кæсынц сæ уарзæтты æрцыдмæ. Хæст фæцис. Æрцыд Уæлахиз, дзыллæтæ тохы уæз- зау азты кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Уæлахиз. Кæрон нал уыдис адæмы цинæн. Нæ поэттæй Уæлахи- зы тыххæй уацмыс чи нæ ныффыста, ахæм стæм ра- зындзæн. Уыдон сæ уды хъарм, сæ курдиаты зынгæй: нывæстой Уæлахизы кадæг,
тт? т тл тп гго гго ти тмтт т тп ти ттггт* гп^тпгтпгтгггтг * 4 4 ХОДЫ КАМАЛ «МЫЙЙАГ, ХÆСТЫ БЫДЫРЫ ИСКУЫ...» Райдиан кълæсты куы ахуыр кодтон, уæд Фыдыбæ- стæйы Стыр хæсты фæудыл нымадæй 2—3 азы йед- тæмæ нæма рацыди. Æз дæр æмæ ме ’мкарæнтæ дæр’ хæстæн йæ кой !цы хъуыстам, нæ фылдæры сабидуг дзы сидзæрæй цы аззади, æндæр ын йæхи, зæгъæн ис æмæ, лæгæй-лæгмæ не ’рæййæфтам. Уæд ницыма зыд- там зынгхуыст хæстон поэтты, уыимæ Кочысаты Му- харбеджы цардвæндаджы тыххæй дæр. Фæлæ нын нæ ахуыргæнæг бадамыдта зарæг (абон дæр мæ йæ ме- лоди нæ рох кæны), æмæ йæ мах дæр æхсызгон æмæ разæнгардæй зарыдыстæм: Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц Йæ бинонтæ, йæ мад!. ’ -Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы Йæ рæзгæ бонты цард! Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и! Дæуæй зæрдæйæн адджындæр, Зæгъ-ма мын, чи у, чи?! Фæстæдæр уыцы зарæджы ныхæстæ хаст æрцыды- сты нæ ахуыргæнæн чиныгмæ—хъуамæ æмдзæвгæ дзурын базыдтаиккам æнæ чиныгмæ кæсгæйæ. Ацы хъуыддаг махæн уа-зынтæй нæ уыди: иуæй йæ уыйраз- мæ заргæ фæкодтам, ,иннæмæй та уацмысы рæнхъы- тæ ахæм æрдзон, ахæм хуымæтæг æмæ зæлланггæнаг уыдысты, æмæ-иу сæхæдæг æвзаджы кæроныл бадæ- гау акодтой: Ды дæ мæ нин, мæ цардамонд, Фæдыбæстæ, дæуæй Мæнæн зынаргъдæр, адджындæр Нæ уыдис æмæ нæй... 10
Йæхæдæг фысгæ чи кæны, уыдон дæр æмæ чиныг- кæсджытæ дæр хорз зонынц: Фыдыбæстæйы тыххæй бирæ æмдзæвгæтæ рацыди мыхуыры, ноджы фылдæр та фыст æрцыди. Уыдоны æхсæн, хъыгагæн, бирæ ис былалгъæй загъд рæнхъытæ, æцæг аивады уддзæф кæ- мæ нæ фæхæццæ, дхæм æнæбон уацмыстæ. Чи зоны, литературон шедевр нæу Кочысаты Мухарбеджы ацы æмдзæвгæ дæр (йæ иннæ уацмысты кой фæстæдæр уы- дзæни), фæлæ нын зынаргъ у уæддæр, уымæн æмæ йæ уæлæ тыбар-тыбур кæны поэты трагикон хъысмæты æвæджиау тæмæн... Уыцы тæмæны рухсæй мидæрттывд кæнынц йæ иннæ æмдзæвгæтæ дæр. Цæмæн кæнæм трагедион райдианы кой Кочысаты Мухарбеджы цард æмæ сфæлдыстадыл дзургæйæ? Мухарбег уыди романтцк. Ромацтикæ та у цард уар- зыны, зæххон уæвынады хорзæхтыл цин кæныны, йæ хæрамдзинæдтыл ын сагъæс кæныны тæккæ уæлдæр æмæ уæздандæр хуызтæй иу. Æмæ цин кодта нæ поэт дæр: æвзист æхсæрдзæнтыл æмæ æгæндæг хъæдтыл,, уарзон чызджы судзгæ цæстытыл æмæ цъæх уалдзæ- гыл... Фæлæ сыл нæ бафсæст цин кæнынæй... Æмæ Мухарбеджы уды трагеди басгуыхти йæ адæ- мы, йæ Фыдыбæстæйы амонды символ. Поэт йæ дзыл- лæйæн, йæ райгуырæн уæзæгæн былдауæн ныхæстæ- кæй нæ кодта, уый равдыста карзæй æмæ æгъатырæй: йæ цард нывондæн æрхаста йæ бæрзонд идеалты сæ-- раппонд... Æмæ дæ никуы ратдзынæн Ызнагæн, зон уый ды, Фæлтау мæлæт ыссардзынæн Дæ сæрвæлтау хæсты! Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег райгуырди 1920 азы 1 майы Олгинскæйы. Каст фæци хъæууон скъола, стæй та ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы: раздæр — педа- гогон училищейы, уый фæстæ та — пёдагогон институ- ты. Нæ йын бантыст институт фæуын: фæстаг курсы куы ахуыр кодта, уæд райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Мухарбег барвæндæй ацыди фронтмæ, архайдта Цæгат Кавказ фашисттæй ссæрибар кæныныл тохты, уый фæстæ та хæцыди Æртыккаг Украинаг фронты рæнхъыты. Иæ хъæбатырдзинады тыххæй йын лæвæрд æрЦыди Сырх Стъалыйы орден æмæ майдан «Хъæба- 11
тырдзинады тыххæй». Фæмард 1944 азы апрелы украи- наг горæт Ямполы. Афтæ хъуыдыгæнæн ис, æвæццæгæн, æмæ н&м Му- харбеджы æмдзæвгæтæн сæ тæккæ фыццагдæртæ нæ фæхæццæ сты. Уымæн æмæ, абон нæ поэтæн йæ рай- диан къахдзæфтыл нымад чи у, уыцы фыстЫтæ æна- рæхст фæлварæнтау нæ зынынц: бæрæг сыл дары ны- вы æмæ хъуыдыйы уæлæхох, сæ хуыздæртæ цух сты æдзæхх, æнæахадгæ ныхасæй. Ахæм æмдзæвгæтæ, мæнмæ гæсгæ, сты «Суадон», «Æз федтон дæу æмæ та ногæй...», «Фæззæджы нывтæй». Фæлæ уыдоны æмрæнхъ Мухарбег уыцы азты (ома 30-æм азты кæрон) ныффыста, мæнг патетикæйы, цардмæ иувæрсыг, схематикон хуызы кæсыны гакк кæ- уыл фæзынд, ахæм уацмыстæ дæр: «Æрттив, æрттив, зæрин хур, арвæй...», «Уалдзæг», «Майы бон», «Æр- цу, уалдзæг» æ. а. д. Æниу, поэт йæхæдæг «цы ’мбисæндтæ æрæмбырд код- та (фыццаг хатт сæ Мухарбеджы чиныгмæ бахаста Хъодзаты Æхсар, поэты фæстаг рауагъды), уыдонæй иу мæнгæн нæ зæгъы: «Æвзонгдзинад цин кæнын, уар- зы»... Цалдæр ныхасы — поэты уарзондзинады лирикæйы тыххæй. Йе ’мдзæвгæтæ бæрцæй кæд бирæ не сты Мухарбе- гæн (дæс æмæ дыууиссæдз æмдзæвгæйы), уæддæр се ’хсæн зынгæ бынат ахсы уарзондзинады темæ. Æмæ ам дæр зыны æцæг æнкъарæны мидызмæлд, æндавы нæ поэты зæрдæбын ныхас. Иуæй-иу авторты лирикон хъайтартæ сæ уарзæт- тæм æртхъирæнтæ байдайынц: «Уæдæ мæ нæ уарзыс (кæнæ: уæдæ мæ нал уарзыс)? Гъемæ фендзыстæ\*, кæддæра фæсмонгонд нæ фæуаис, мæн хуызæн сахъ- гуырдæй куы бавдæлон уай, уæд!» Науæд та афтæ дæр: «Раздæрау дæ стъалытимæ бардзынæн, фæлæ, зон, дæуыл мæхи нæ мардзынæн...» Цыбыр дзырдæй, мæ уарзоны гæбаз, кæд дæ фæнды, уæд мæ уарз, кæн- нод дæр бар дæхи, æз та самал кæндзынæн... Æндæр у уарзты фæлгонц Мухарбеджы поэзийы: сыгъдæг, зæрдæбын, гуманон, дард лæууы мерканти- лондзинадæй — ома, æцæг уарзт цы вæййы, уый... Ныббар мын, кæд искуы мæн тыххæй Дæ ирд цæссыг рустыл æртагъд 12
Æмæ дæм кæд искуы мæ дзыхæй Тызмæг æмæ сонт дзырд ысхауд. («Ныббар мын...») Иставæр дзырд, иставæр предметы ном арæх куы дзу- рай æнæрынцойæ, уæд ын иуахæмы йæ нысаниуæг дæ зонд нал ахсдзæни. Ирыстоны «Сау цæстыты» зарæг (Кочысаты Мухарбеджы ныхæстæ) чи нæ зоны, ахæм, .æвæццæгæн, бирæ нæ разындзæни. Зарынц æй ради- ойæ, телеуынынадæй, кæнынц æй профессионалон ар- тисттæ дæр æмæ хæдахуыртæ дæр, зарынц æй хуымæ- тæг адæм сæхæдæг. Фæлæ йæм уæддæр хъусынæй ни- чи æфсæды. Æдæппæт — æхсæрдæс рæнхъы. Фæлæ цæйбæрц зæрдæбын сагъæс, цас уды тавс æмæ пара- хатдзинад ис ацы хæрз цыбыр æмдзæвгæйы! Нæй дзы иунæг уæлдай мыр дæр. Канд иу строфа иннæйы, канд ну рæнхъ иннæйы нæ, фæлæ дзы не ссардзынæ, иу дзырд иннæйы кæм фæлхаты, ахæм бынат дæр. Рай- сæм фыццаг строфа: Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон, Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд?! Æхсæв сæ стъалытимæ барстон, Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд. Цы базыдтам ацы строфайæ? Лирикон хъайтар уарз- та саурæсугъды. Æркæсæм-ма ацы цыппар рæнхъмæ, кæддæра дзы ис, цы информацийæн нысангонд сты, уымæй уæлдай иунæг æцæгæлон дзырд дæр? Мæнмæ гæсгæ, нæй. Дыккаг строфайы дарддæр рæзы архайд. Кæд ацы строфа дæр, фыццагау, æмткæй дзурæг у ног ахсджи* аг хабарыл (ног информацийыл) —лæппуйы йæ уар- зон чызг иунæгæй ныууагъта — уæддæр уыцы хабао хуымæтæджы загъд не ’рцыди, фæлæ йын строфайы цыппар рæнхъæй алкæцы дæр йæ «бæлвырддзинæдтæ» срухс кæны: Фæлæ мæ иунæгæй ныууагътой, Мæнæй фæлыгъдысты тæргай, Æмæ мын афтæ дæр нæ загътой: «Хæрзæбон! Хорз амонд,— дæ хай!» Æмдзæвгæйы драматизм уæлдæр къæпхæнмæ схизы æртыккаг строфайы. Мах базонæм: кæд лирикон хъай- тарæй йæ уарзоны цæстытæ тæргай фæлыгъдысты, кæд 13
ын «хæрзæбон» дæр нæ загътой, уæддæр йæ бон нæу саурæсугъды ферох кæнын, æнæ йæ уарЗон ын йæ цард ад нæ кæны: Æмæ кæд уыдонæй фæцух дæн, Æмæ кæд ферох кодтой мæн, Уæддæр сæ райдзаст хуыз рæсугъдæй Мæ зæрды баззади мæнæн... Фæстаг строфа дæр у æндыгъд уагыл фыст, нæй дзы, хъуыдыйы уæз кæуыл не ’нцайы, ахæм дзырдтæ. Ам рабæрæг вæййы: уыцы «сау дæстытæ» абон дæр кæй- дæр «тавынц»... Фæлæ лирикон хъайтар фыдæх зæр- дæ нæ бадардта нæдæр йæ.уарзон чызгмæ, кæдæр — йæ уарзоны йын чи ахаста, уымæ. Уый нæ, фæлæ м.а уьщы æнæзонгæ адæймагмæ кæны тæхуды дæр: Тæхуды, абон та кæй тавынц, Сæ хъармæй рухс хурау фæлмæн, Тæхуды, афтæ тынг кæй уарзынц, Куыд уарзтой цардуалдзæджы мæн!.. Фæстаг дыууæ рæнхъæй куыд зыны, афтæмæй æм- дзæвгæйы «æнæдзуапп уарзтыл» нæ цæуы ныхас. Лæп- пу уарзта чызджы, чызг та — лæппуйы. Æмæ уæдæ цы ’рцыди? Цы бакъуылымпы кодта дыууæ æвзонг уды амонд? Бæрæг нæу. Æмæ уыцы «æбæрæгдзинад» æмдзæвгæйæн дæтты уæлдай аивадон хъару. Формæ æмæ мидисы иудзинад ацы уацмысы (æмæ ма ноджы Мухарбеджы иукъорд æмдзæвгæйы) ахæм бæллиццаг æмвæзадмæ схизы, æмæ адæймаг дисы ба- цæуы: астдæсаздзыд лæппуйæн куыд æфтьтдис йæ къу- хы ахæм дæсныйад? Æмæ кæд уый «сфæлдыстадон» ныхас нæу, уæддæр бар-æнæбары нæхинымæр фæзæ- гъæм: уагæры йæ кармæ куы рацардаид, уæд та йын цытæ бантыстаид?.. Хъыгагæн, афтæ кæмæй фæзæгъæм, уыцы поэттæ иу æмæ дыууæ не сты нæ литературæйы историйы. Фæлæ мæнгæн нæ акæнынц: литературæйы нæй кар, литературæйы ис æрмæст курдиаты хъомыс. Ирон дзырд, ирон хъуыдыйад тынг касти йæ коммæ Мухарбегæн, уымæ гæсгæ ныфсхастæй пайда кодта æвзаджы авналæнтæй, ритмикон ныхасы гæнæнтæй: Дæ сусæг каст, Дæ мидбылхудт И
Æхст фатау раст Ныццæвынц уд... («Дæ сусæг каст...*) Цымыдисаг строфикæйæ фыст у æмдзæвгæ «Цæй, хæрзбон, мæ уарзон». Æрхæссæм дзы æрмæстдæр иу строфа, æмæ йын чиныгкæсæг йæхæдæг рахатдзæн йæ фидыц: Цæй, хæрзбон, мæ уарзон! Æз фæцæуын балцы, Ма-иу кæн мæ фæстæ Иунæгæй æнкъард. Диссагау дæм абон Ма фæкæсæд м ’ацыд,— СиДы мæм нæ бæстæ Тохы фæзмæ тагъд... Æцæг аивады комулæфтæй хайджын сты æмдзæв- гæтæ «Бахсæв. Уазал. Дымгæ ниуы...», «Фæстаг са- лам», «Хъама», «Адæмы маст». Мухарбег зæрдæйæ уарзта æмæ дæсны ныв кодта Ирыстоны, Кавказы æрдз. Ам бафиппайын хъæуы иу ахсджиаг миниуæг: поэт æрдзы фæзындтытæ бæтты адæймаджы цардимæ, интуитивон <æгъдауæй æнкъары дун-дунейы сконды иудзинад, царды диалектикæ. Адæймаджы мидуавæр æрдзы фæзындтыты руаджы æвдисгæйæ Мухарбег пайда кæны дыууæ мадзалæй: йæ иу æмдзæвгæты лирикон хъайтар раздæр дзуры йе ’нкъарæнтыл, стæй сæ уыйфæстæ абары æрдзы иу кæ- нæ иннæ фæзындыл. Иæ иннæ æмдзæвгæты та — бын- тон æндæрхуызон: раздæр равдисы нывтæ, стæй æрцæ- уы царды хатдзæгтæм. Зæгъæм, æмдзæвгæ «Æз фед- тон дæу...», зæгъгæ, уый лирикон хъайтар райдианы кæны йæ уарзоны кой (бирæ рæстæг фæцухы фæстæ та йæ нргæй федта): Цыма мæм хуры цæст уæлвонгæй Фæскъæвда райдзастæй фæзынд. Гъе афтæ карз зымæджы фæстæ Æваст куы фæтынг вæййы бон,— Сæ фынæй райхъал вæййынц дæттæ, Ныззары цины зарæг дон. Æмдзæвгæ «Сæрдыгон изæры» та нын автор <æвди- сы æрдзы нывтæ, кæны Терчы кой, стæй кæронбæт- тæны адæймаджы цард бары доны цыдимæ: 15
Афтæ згъорынц азтæ, Афтæ згъоры цард дæр... Ацы мадзалæй Мухарбег арæх кæй пайда кодта, уы- мæн ма æвдисæн сты мæнæ ахæм æмдзæвгæтæ дæр: «Терк», «Цæй, хæрзбон, мæ уарзон...», «Мæ фæдзæхст», «Ма кæы хъыг». Афтæ мæм кæсы, цыма ирон пейзажон лирикæйы хуыздæр æнтыстыты æмрæнхъ æрæвæрыны аккаг у, Мухарбег хæсты быдыры кæй ныффыста, уыцы æм- дзæвгæ «Фæззæг». Æрхæсдзынæн æй æнæхъæнæй: Хатгай ма хуры цæст Ферттивы дардæй, Фæлæ йæм нал райы Зæрдæ æнкъардæй. Æхсæвы уазал мигъ Бамбæрзы бæстæ. Дымгæ ныдздзыназы Сонт сырдау фæзты. Райсомæй бæлæстыл Халас æрбады. Тагъд та æрлæудзæни Зымæг йæ рады. Ирыстоны фарн, ног амондджын дуг ,фæллойуарзаг æмæ хъæбатыр ирон дзыллæйы намыс — уыдæттыл æнцой кæны нæ поэты сфæлдыстад, уыдонæй куры фидыц æмæ зæлланггæнаг хъару йæ зардцкытæн. Му- харбег лæгæй-лæгмæ ныхас кæны Кавказимæ: О, курын, сахуыр кæн мæн дæр, Цæмæй æмбарон æз Дæ диссаджы рæсугъд дæттæн Сæ уыраугæ хъæлæс... Æдæппæт æхсæз-авд азы фæци фыссæджы сис Му- харбеджы къухты. Фæлæ цы бынтæ ныууагъта, уыдо- иыл цæст æрхæсгæйæ адæймаг æрцæуы ахæм хъуы- дымæ: уыдис æм егъау поэтикон курдиат, стыр потен- циалон мидхъару. Суанг хæрзсабийæ базонгæ фæсарæйнаг, уырыссаг, гуырдзиаг æмæ нæ бæстæйы æндæр адæмты классик- ты фыстытимæ, лæмбынæг сæ касти, фæлвæрдта сын сæ уацмыстæ йæхи мадæлон æвзагмæ раивыныл. Поэ- ты къухфыстытæ фæлдахгæйæ фембæлæн ис тæлмац- П
тыл Гейнейæ, Пушкинæй, Лермонтовæй, Байронæй, Це- ретелийæ... Классикон поэзийы æндæвдад, кæй зæгъын æй хъæуы, фæзынди Мухарбегæн йæхи фыццаг æм- дзæвгæтыл дæр. Ирон советон фысджыты хистæр фæлтæрæй Мухар- бег, зæгъæн ис æмæ, фылдæр аргъ кодта Дзанайты Иванæн (Нигерæн). Р1æ фыццаг литературон фæлва- рæнты къухæйфыст тетрадыл дзæгъæл хуымæтæджы нæ банысан кодта: «Нигер, мæ уарзон ахуыргæнæг, дæ ном дзы арын. Автор». Уый, æвæццæгæн, ууыл дзу- рæг у, æмæ Мухарбег й-æ зæрдæмæ хæстæг райста Ни- геры сфæлдыстадон метод, бамбæрста Нигеры реалис- тон поэзи, архайдта йæ ахуыргæнæджы традицитæ дарддæр хæццæ кæныныл. Уæлдæр цы загътон, уымæн æвдисæн у поэты хуыз- дæр æмдзæвгæтæй иу «Къоста Херсоны». Ныхас дæр ыл нæй: ацы æмдзæвгæйыл зыны дæсны нывгæнæджы æрмдзæф, фыст у хуымæтæг, фæлæ рæстдзæф детал- ты руаджы, ахадгæ фæлгонцтæй, æлвæст у компози- цион æгъдауæй. Къоста, «Иры номдзыд сахъ поэт», йæ уд сæриба- рыл кæй хъардта, уыйадыл хаст æрцыди йæ райгуы- рæн Ирыстонæй «Тарас Шевченкойы цъæх фæзтæм». Мæнæ æрхæндæгæй бады стъолы уæлхъус. Ам дæр æй цух нæ уадзынц йæ судзаггаг сагъæстæ, цæстытыл уайы йæ мæгуыр, йе ’фхæрд Ирыстон, йæ райгуырæн хъæу Нар... Арф уынгæг ком. Сау айнæджы фахсæй Нар бынмæ æргъæвст цъиуау кæсы. Уад нынниуы стонг сырдау, йæ разæй Сисы мит, фæлдзæгъдæнтæ хæссы. Уад дзыназы, уад æнцой нæ зоиы, Коммæ ’фцæгæй рацæйхæссы мит. Куы бындзарæй къæйдуртæ ыстокы, Куы ныккæны "сау калмау æхситт... Дæсны аллитерацитæ, æмдзæвгæйы иумæйаг азæлд фадат дæттынц, ныхас цы бæлвырд уавæрыл цæуы, уый ирддæрæй фенынæн, арфдæр банкъарынæн. Мухарбеджы уацмыстæ кæсгæйæ зын рахатæн нæу, авторы сфæлдыстад органикон æгъдауæй дыууæ ди- хы кæй кæны, уый. Иуырдыгæй сты, поэт 1938, 1939, 1940 азты кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæ, иннæр- 17
дыгæй та хæсты рæстæг фæлдыст уацмыстæ. Бирæ цæ- мæйдæрты хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Хæсты размæ Мухарбег хъæлæсыдзагæй зарыди ног цардыл, нывæста рухс бæллицтæ æмæфæндтæ. Иæ за- рæг, йæхи загъдау, уыди «хæххон донау рæсуг». Фæлæ райгуырæн уæзæгыл зынг куы сирвæзти æмæ лæгæз- зарæн бон куы ныккодта, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, ттоэты бахъуыди йæ фæндыры тæгтæ æндæр уагыл ра- царазын. Æмæ хæсты рæстæг Мухарбеджы сæууод -æртæхау æназым поэзийы фæзынди, уæды онг ын ха- рактерон чи нæ уыди, ахæм интонацитæ, фæдисы дзæн- гæрджытау знæт ритмтæ, карз ахорæнтæ: знагыл «æр- кодта сау бон», «ныссаста йæ тугæйдзаг ных» æ. а. д. Æмдзæвгæ «Мæ хæс», зæгъгæ, уым поэт Ирыстонмæ дзуры: Кæйдæртау нæ фæлыгътæн тохæй, Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр. Дæ хъахъхъæнæг, сау айнæг хохау Æрлæууыдтæн фидар æз дæр. Фæуагътон уæд фæндыр рæстæгмæ, Рæстæгмæ фæуагътон мæ зард,— Мæ къухмæ æз райстон мæ гæрзтæ: Æз райстон мæ топп æмæ кард... Æмæ кæд зынгæ ирон поэт Хъамбердиаты Мысост Мухарбегæй уыдис æдæппæт иуæндæс азы хистæр, уæддæр сæ зондахаст фидар кодта æмæ æхсысти хи- цæн историон уавæрты: кæд Мысост советон хицау- дзинады фыццаг азты йæ риуыдзаг сулæфыд æхцонæй æиæ йæ «сау хъама къулыл сауыгъта», уæд йæ сахъ кæстæры та бахъуыди фыдæлты карз хотых фæстæмæ рагъæнæй æрисын æмæ дзы цыфыддæр знаджы кæр- дæнтæ кæнын: Айдæнау æрттиз, мæ ныфс Хуры рухсмæ хъаз! Знаг куыд риза ’мризæджы Хус сыфтæрау раст, «Фыстæг мæ мадмæ», зæгъгæ, йæ уыцы æмдзæвгæйы 1943 азы Мухарбег фыста хæсты уыраугæ быдырæй: Фæуыдзæн хæст! Нæ рæстдзинады кардæй Знаг æрцæудзæн тагъд рæстджы саст. 18
Æмæ дæм уæд, ныййарæг мад, æз дардæй Фæзындзынæн сæрæгасæй æваст... Æмæ йæ ныхас нæ фæсайдта. Уый фæзынди. Æр- мæст канд йæ мадмæ, канд йæ уарзон бинонтæм нæ, фæлæ — æгас Ирыстонмæ. Йæ хæрзаив, йæ къæмдзæс- тыгхуыз зарджытæ (Мухарбеджы нымад æмдзæвгæ- тæй музыкæ фыст æрцыди авдыл) зæлынц йæ уарзон дзыллæйы ’хсæн. Гъе æмæ уымæ гæсгæ махæн нæ бон зæгъын у: ирон поэзийы арв цы стъалытæй фида- уы, уыдонæй иу у æнафоны зынгхуыст поэт Кочысаты Мухарбеджы æрттиваг курдиат. 19
1; П т!г4 тпггттт туттттт* тттттуттттутттттп тгги^ттттго! т п * ттуттт ДЖИОТЫ ХАЗБИ КЪОСТАЙЫ ÆМДЗÆВГÆ «ФСАТИ»-йы К0МП03ИЦИ1 Журнал «Мах дуджы» 1974-æм азы 10-æм номыры филологон наукæты кандидат Джыккайты Шамил ныммыхуыр кодта уац «Цалдæр фиппаинаджы Къос- тайы фæлгонцты фæдыл». Уым ныхас æрæфтыдта Къостайы æмдзæвгæ «Фсати»-йы тыххæй æмæ афтæ зæгъы: «Къостайы уацмысты аивдæртæй у «Фсати». Уыимæ ацы æмдзæвгæ у æппæты вазыгджындæр æмæ расайд- та æппæты фылдæр быцæутæ. Куыд æмбарын хъæуьт Фсатийы фæлгонн, зæгъгæ, ахæм фарст сси пробле- мæ. Хъуыддаг ууыл дзуры, æмæ Къостайы поэзи у иттæг арф æмæ вазыгджын, ис дзы нырма бирæ су- сæгдзинæдтæ, нæ ахуырады бон схизын кæдæм нæма бацн, ахæм бæрзæндтæ, ныккæсын кæдæм нæ бафæ- рæзтам, ахæм æрфытæ». Шамилмæ гæсгæ, «Фсати»-йы мидис рафæлгъауын бацис æрмæстдæр Джусойты Нафийы бон: «Афтæ мæм кæсы, æмæ Фсатийы фæлгонцы алы- варс цы быцæутæ цыд, уыдон наукон бындурыл раст алыг кодта Джусойты Нафи». Сдиссаг кодта Джыккайы-фырт, Нафи Фсатийы фæлгонц куыд æмбары, уый æмæ дарддæр фыссы: «... Фсати хъæздыг барджытæн ницы радта, фæлæ мæгуыртыл йæ сион ауадзын кодта. Уæдæй фæстæмæ кыффидар уыцы хъуыды, цалынмæ йæм Нафи крити- кон цæстæй не ’ркаст, уæдмæ» (уым, 84 ф.). Фсатийы тыххæй Нафи йæ фыццаг ныхас загъта йæ чиныг «Коста Хетагуров»-ы (Цхинвал, 1958 аз). Уый- фæстæ Дзадтиаты Георгиимæ полемикæ кæнгæйæ ным- мыхуыр кодта дыууæ уацы: «Романтикон литературæ- зонæн кæнæ зæрдæаив ныхæстæ» (журн. «Фидиуæг», 1 Мыхуыргонд цæуы цыбырæй. 20
№ 11, 1968), «Внимание—стихиКоста!» (Хуссар Иры- стоны наукон- иртасæг институты уацтæ. XVII том, 1972 аз). Уæдæ Нафи критикон цæстæй куыд æркаст Фсатийы фæлгонщ æмбарын кæнынмæ æмæ йæ наукон æгъда- уæй куыд раст иртасы? Фыццаджыдæр, бафиппайын хъæуы: «Фсати»,— На- фи йын куыд æнхъæл у, афтæ,— поэмæ кæй нæу. Ни- Цы дзы ис поэмæйы миниуджытæй. Уый у сюжетон -æмдзæвгæ. Дзадтиаты Георгийы крптикон фиппаинæгтæм Джу- сойы-фырт ахæм аипп хæссы: «Зонад нæ дæтты бар авторы тексты иувæрсты хи- зынæн æмæ уый дæхи субъективон фæндонмæ гæсгæ дæлæ-уæлæ кæнынæн. Зонад домы поэтикон тексты (уæлдаидæр классикон тексты) алы уæнг дæр, алы чы- сыл стилистикон хылычъы дæр уадмысы организмыл æнæхъæнæй барын, уый ныхмæ æвæрд куыд нæ цæуа, гармоникон æгъдауæй йыл куыд æндæдза, афтæ» («Фидиуæг», 1968 аз, № 11, 95 ф.). Уыдон раст мето- дологон домæнтæ сты. Фæлæ уыцы домæнтæй хызт у критик йæхæдæг «Фсати»-йы текст анализ кæнгæйæ. Раст бафиппайдта критик, «Фсати» контрастон поэ- тикæйыл амад кæй у, уый. Фæлæ контрастон поэти- кæ цавæр тæгтыл нывæст æрцыд, уыдон нæ раиртæста. 1. Райдзаст райсом. -Хур «Царды хос хæссы», фæ- лæ... «Фсати ма хуыссы». 2. Фараст барæджы æмæ авд цуаноны, сæ зарæг, сæ курдиат. 3. Фсатийы ахаст фараст барæгмæ æмæ авд цуанон- мæ. 4. Фсатийы ахаст дарддзæст лæппумæ. 5. Авторы ахаст фараст барæгмæ, авд цуанонмæ. Уыцы тæгтыл райтынг ис æмдзæвгæйы композици, уыцы тæгтæ змæлын кæнынц сюжет, уыцы тæгтæй æмбæрстгонд цæуынц уацмысы уæлæмхасæн компо- ненттæ дæр. Фыццаг контрастон таг—хур скаст, «Комæй-коммæ хъазгæ царды хос хæссы», афтæмæй Фсати аходæнтæм хуысгæ кæй кæны, уый æмбæрстгонд цæуы, зæронд æдых, æнæхъару кæй у, уыцы характеристикæйæ. Уы- мæн зæгъы автор: Цæй, хуыссæд! — йæ куыстæн Сæфынæй нæу тас... 21
Уый тыххæй Нафи ахæм хатдзæг аразьи«Цымæ ацы лзырдтæн сæ комкоммæ мидисæй дæр (хъæр — «цæй, хуыссæд!») бæрæг нæу, автор персонажæй разы кæй нæу, худгæ йыл кæй кæны?» Цæмæн хъуамæ худа автор зæронд, æдых бардуа- гыл? Фсати зæронд куы нæ уаид, уæд ма йыл, чи зо- ны, ахæм хатдзæг сфидауид. Уыцы стихтæ нæдæр сæ мидисæй, нæдæр сæ инто- нацийæ ницы бар дарынц юмормæ. Сæ мидис дарддæр æмбæрстгонд цæуы. Фсати эæронд, æдых кæй у, уый тыххæй зæгъы Къос- та, Фсати «рахъил», «рабадты» бæсты: «Рахъил, ду- рыл сбадти...» «Рабадт» — уый æгæр абстрактон дзырд у. Зæронд„ æдых адæймаджы фæлгонц ныв кæнгæйæ «рахъил> рельефондæр у, характерондæр. Нафи та афтæ хъуыды кæны: «Цымæ «рахъил» «сыстади», «рабадти»-йы бæсты куы фæзæгъынц, уæд уый, кæй кой фæкæнынц, ууыл худыны охыл нæ вæй- йы?» Критик абстрактон хуызы æвзары ацы дзырд, æв- зары йæ Фсатийы фæлгонцæй иртæстæй. «Рахъил» алкæд худæджы охыл загъд нæ вæййы. Лæппуйæ «ра- хъил» куы фæзæгъынц, уæд æм, кæй зæгъын æй хъæ- уы, æппæрццæг ахаст æвдисынц. Фæлæ зæронд, æнæ- бон адæймагæй «рахъил» худæджы охыл нæй зæгъæн. Критик йæ цæст не ’рхаста тексты æппæт компонент- тыл æмæ сæ кæрæдзийæ фæиртæста. Фсати дауджы- тæй зæронддæр кæй у, уый тыххæй нæрайхъал хурыс- кастмæ, уый тыххæй нæ тырны хурмæ, уый тыххæй фынæй кæны аходæнтæм, уый тыххæй дзы зæгъы ав- тор дæр «Цæй, хуыссæд! — йæ куыстæн Сæфынæй нæу тас...» Уымæн æмæ йын ис лæггадхъом кæстæртæ. Зæ- ронд бардуаг кæй у, уый тыххæй йын ис лæггадгæн- джытæ дæр. Æмæ ницы хуызы ныхæсынц текстыл Нафийы хат- дзæгтæ: «...поэт ныв кæны, йæ зæрдæмæ чи нæ цæуы, ахæм лæджы фæлгонц æмæ уый æнæзæрдæмæдзæугæ нарды- уаг, уыцы цардыуаг (зæххон цардыуаг?) равдисынæн та «бындзсурджытæ æнæмæнг хъуыдысты». Къоста ахæм лæджы фæлгонц æмæ уый æнæзæрдæ- мæдзæугæ царды уаг куы ’вдыстаид, уæд афтæ зæр- дæбынæп, афтæ уарзонæй не сныв кодтаид, сюжеты 22
райтынджы агъоммæ Фсати кæм æрæнцад, уыцы хæх- хон пейзаж æмæ ноджыдæр йæ цæрæнуат: «Урс-урсид дзæгъгъатæй Бандæттæ, тæрхæг; Саджы урс сыкъатæй Фсатийæн — сынтæг... Арсы" хъуын— йæ лыстæн, Тинтычьи — йæ баз...» Йæ цæрæнуаты тыххæй дæр Нафи ахæм хатдзæг фæлгъауы: «Æвæццæгæн, Бадилаты хæдзæртты ф<æлыст куы ныв кодтаид Къоста, уæддæр æндæр ницы загътаид». «Бадилаты сих» дæр ма рахуыдта Фсатийы. Ам дæр критик Фсатийы цæрæнуат æвдисгæйæ нæ бахынцта фæлгонцы конкретон мидис. Фсати у хъæддаг сырдты бардуаг, цæры бæрзонд- дæр хохыл. Æмæ фæлгонд щæмæй реалистон уа, уый тыххæй йын Къоста йæ цæрæнуат сныв кодта, хæххоп фадæттæн æмæ сырдты дунейæн характерон чи у, ахæм атрибуттæй. Цымæ куыд æнхъаСлы критик? Ау, Фсати сырдты бардуаг куы у, уæд лæгæты хъуамæ цардаид? Цæй охыл хъуамæ уыдаид йæхæдæг æнæхай «саджы урс сыкъатæй», «арсы хъуынæй», «тинтычъийæ»? Цæй тых- хæй хъуамæ ма уыдаиккой йæ бандæттæ æмæ йæ тæр- хæг «урс-урсид дзæгъгъатæй», кæд æмæ хæхты бæр- зонддæр йæ хай фæцис? Цæмæн хъуамæ кæной ассо- циаци бадилаты цæрæнуаты фæлыстимæ? Намæ цæй бындурыл хъуамæ æрæмных кæнæм бардуаг æмæ ба- дилаты? Цымæ Къоста Фсатийы цæрæнуаты фæлыст уыцы бæрæггæнæнтæй куы фæцух кодтаид, уæд сырд- ты бардуаг абстрактон фæлгонцæй нæ баззадаид? Æмдзæвгæйы æмбуарæй крнтик фæхицæн кодта мæ- нæ ацы рæнхъытæ дæр: «Иннæ авд æддæдæр Аходæн фыцынц. Физонæг фæ- хъæбæр, Фæхсынтæ нæрсынц...» Фсатийы рахуыдта гуыбындзæл. Цымæ авд лæппуйы физонæг æрмæстдæр Фсатийæн ^фыцынц, сæхæдæг мархо дарынц? Æмдзæвгæйы ныхмæвæрдон поэтикæ уæлдай тынг- дæр фæбæрæг фараст барæгмæ æмæ авд цуанонмæ Фсатийы ахастæй. Контрастон сты сæхæдæг фараст барæджы æмæ авд цуаноны, сæ уæлæйы дарæс, сæ зарæг, сæ курдиат, стæй Фсатимæ хæрзиуæггур цафон фæзындысты, уы- дæттæ дæр. 23
Фараст барæджы фæлыст: «Топп-ерæдзыпп, хъри- маг, Бæх—саулох бæхтæ...» Авд цуаноны фæлыст: «Дзабыр нæй,— æрчъитæ... Топп рæхсæнæй баст; Пака худ нысчъилтæ; Сæр æх- сырфæй даст...» Авд цуаноны фистæгæй фæцыдысты æгас.бон, схæц- цæ йæм сты, хурæй бирæ куы нал уыд, уæд. Фараст цуаноны та сæ саулох бæхтыл аходæн афон балæууыдысты, сæ бæхтæ сæ кæй онг схастой, æрмæст- дæр уырдæм — комы нарæгмæ. . Контраст ис, фараст барæджы æмæ авд цуаноны Фсатимæ цы ахаст дарынц, уым дæр. Фараст барæджы æвæлмонæй æрæнцадысты комы нарæджы, дарддæр сæ айнæджы рындзмæ сæ саулох бæхтæ не схастой, уырдæм схизын та фыдæбойнаг у. Авд цуаноны, кæд æгас бон фистæгæй фæцыдысты,, уæддæр схызтысты айнæджы ныхмæ, цæмæй сын Фса- ти фехъуса сæ зарæг, сæ курдиат. Контраст ис, фараст барæджы æмæ авд цуаноны куыд зарынц, уый æхсæн дæр. Фараст барæджы сæ зарæгæй батыхсын æмæ æрыхъал кодтой Фсатийы. Сюжет ахæм уагыл кæй райдыдта, хур хохæй-хохмæ тын кæй нывæнды, Фсати ма кæй хуыссы, ууыл Къос- аа йæ цæст уымæн æрæвæрдта, цæмæй фæстæдæр ак- цент скæна, йæ фынæйæ йæ чи райхъал кодта, уыцы фараст барæгыл. Фараст барæджы зарæг комæй - райхъуыст, хæхты азæлдимæ сиу. Æмæ зарæг у, цы у, уый зын рахатæн уыд. Фсати дæр уымæн афтæ бакæны: «Арв кæмдæр нæры...» Нафи та йæ афтæ æмбарын кæны: «Цымæ уый æдылы ныхас нæу: ахæм хур райсом... арв нæ- ры?!» Фсати аходæн хæры, фæлæ та «комæй чидæр зары». Ногæй та зарæг йæхимæ не ’рыхъусын кодта, фæлæ бахъыгдардта Фсатийы. Уый тыххæй кæны фæрсгæ дæр: «Чи та нæ хъыгда- ры?» Уый тыххæй дæтты бардзырд дæр: «Акæсут-ма тагъд!» Авд цуаноны ницæмæй батыхсын кодтой Фсатийы. Никæн сæм æрвиты Фсати дæр. Дарддзæст лæппу сæм йæхи зондæй акаст. Фараст барæгæп иунæг барæг (чидæр) йедтæмæ ни- чп зары. Уымæй дæр бæрæг у сæ ахаст бардуагмæ. Уы- 24
доны хъæуы саг, æмæ сыц сæ курдиатфехъусæд, уый- йедтæмæ сæ Фсатийæн скад кæныны мæт æппындæр нæй. Комы нарæгæй айнæджы тигъмæ дæр уымæн не схызтысты. Авд цуаноны та? «Тынг хъазуатæй зарынц, Нал хæ- цынц зæххыл...» Афтæ сиу сты сæ хъæлæстæ, Фсатимæ цы зæрдæбын уарзондзинад дарынц, уыцы æнкъарæнæй. Ам фæбæрæг ис, фараст барæгæй «чидæр»-мæ æмæ авд цуаноны зарæгмæ автор цы зæрдæ дары, уый дæр. «Чидæр» куыд зары, уый тыххæй ницы зæгъы автор. Сюжеты къуыбылоймæ нæ бахаста поэт «чидæр»-ы зарæджы мидис дæр, авд цуаноны зарæг та æххæстæй æрхаста: «О, уæрæйдæ, Фсати! Ракæс, рафæлгæс!—Бæрзон- дæй ныллæгмæ Хорз нæ бафæдзæхс! Мах — дæ уазæг, Фсати, Ды — нæ фæдзæхсæг! Бæрзондæй ныллæгмæ Ракæс, рафæлгæс!..» Контраст ис, фараст барæджы æмæ авд цуаноны Фсатимæ цы курдиат хæссынц, уым дæр. Фараст ба- рæджы дзы курынц иу мæллæг саг, хуыздæр лæвар ракæныны æнхъæл. Хинæйдзаг æмæ фæлывд зæрдæты курдиат! Авд цуаноны ницы домынц, æрмæстдæр дзы курынц иунæг хæрзиуæг — цæмæй сæм ракæса, рафæлгæса æмæ сæ бафæдзæхса. Фсатийы фæдзæхст куы уой, уæд та—сæ хъару æмæ сæхæдæг—сырдамонд сæ уыдзæн. Уый æвæлмон æввонгхор адæймæгты курдиат нæу! Фараст барæджы æвæлмонæй цæрын кæй сахуыр сты, æнæфыдæбонæй искæй фосмæ æмхиц кæй сты, æмæ Фсахийæ дæр сырд кургæ кæй кæнынц, цуан нæ бакæнгæйæ, уымæн ма уæлæмхасæн æвдисæн у, Уас- тырджи ахæмты тыххæй фос мæгуыртæй дæр кæй фæ- давта, Фсатийы уыцы фиппаинаг дæр. Контраст фæбæрæг, фараст барæджы фсатийæн сæ курдиат цавæр фадæтты хъарынц, ууыл дæр. Иæ цардæй, давæггаг фыдæй бухъхъ чи у, уыцы фа- раст барæджы, авд цуаноны хъауджыдæр, æрхъæцмæ дæр нæ хъæцынц Фсатийы æрыхъалмæ. Æрыхъал æй кодтой. Бахъыгдардтой йæ аходæн хæргæйæ дæр, ахо- дæныл кæд рæдаудæр разыннд, зæгъгæ. Уый дæр хи- нæйдзаг, фæлывд зæрдæты миниуæг у! Фараст барæджы æмæ авд цуаноиы æппæт хуызты дæр ныхæй-ныхмæ æвæрд кæм æрцыдысты, уым уыдон- 25
мæ контрастон хъуамæ уой Фсатийы ахастдзинæдтæ дæр. Уыдонмæ иухуызон цæстæнгас дарын ниды хуызы сфндаудзæн Фсатийыл. Афтæ домы æмдзæвгæйы ком- позици, контрастон поэтикæйы логикæ. Цавæр сты Фсатийæн йæ ахастдзинæдтæ уыцы пер- сонажтæм? Фараст барæджы зарæг мæнæ ахæм ассоциаци ныу- уагъта Фсатийы сæрымагъзы: «Арв кæмдæр нæры». Нæ йæм æрдардта йæ хъус дарддæр дæр, фæлæ «æх- сыны агъд». Йæхимæ йæ куы ’рыхъусын кодтаид, уæд йæ агъд æхсынын дæр ныууагътаид, фæлæ афтæ ба- кæны: «Чи та нæ хъыгдары? Акæсут-ма тагъд!» Нафимæ гæсгæ та уыцы контраст «Чидæр зары> Фсати «’хсыны» хъуамæ ма уыдаид. Фæлæ иугæр ис, уæд, зæгъгæ, Фсатийы æппæрццæг миниуджытыл дзу- рæг у, зарæгмæ йе ’ппæрццæг ахаст æвдисæг компо- нент нæ, фæлæ. Уыцы зарæгмæ Фсатийы æппæрццæг ахаст йæхирдыгонау æмбары критик, уацмысы компо- знцион структурæйы компоненттæ сæ кæрæдзийæ кæй фæиртæста, уымæ гæсгæ. Дарддзæст лæппу фехъусын кодта Фсатийæн, зæгъ- гæ, комы нарæджы фараст барæджы иу мæллæг саг курынц. Æппæрццæг дæстæй ракаст уыцы курдиатмæ Фсати. Цæмæн? «Ахæмты тыххæй Уастырджи фæдавта Фос нæ мæ- гуыртæй. Ауадз сæ йæхимæ!— Уый та сæ хынцдзæн: Давæггаг фыдимæ Карз арахъхъ дæтдзæн!..» Æндæр зæрдæйы уаг, æндæр ахаст дары Фсати авд цуанонмæ. «Гъе ныр, гъе, нæхион, Разын ныр рæдау! Аскъæр сыл нæ сион, Хорз сæ фен лæгау!» Фæлæ ууыл Нафи нæ разы кæны, уыцы хъуыдытæ, дам, Фсати нæ дзуры, нæ, дам, ыл фидауынц. Уæдæ кæуыл фидауынц? «Æз фыстон — Фсатийæн йæ фидиуæг — дарддзæст лæппу. Ууыл фидауынц». Кæм сты йæ бæлвырдгæнæн- тæ? а). «Мæгуыр цуанонтæ æмæ Фсатийы фæсдзæуинтæ сæ уавæртæм гæсгæ æввахс сты». Ам æмдзæвгæйы композицион структурæ, персонаж- ты ахастдзинæдтæ рохуаты аззадысты, æмæ критик рæгъмæ рахаста зæрдаив базон-базонтæ. Хæрз æввахс, 26
дам, сты, физонæг йæ хæлц кæмæн у, Фсатийы уыцы кæстæриуæггæнджытæ æмæ, æгас бон Фсатимæ фис- тæгæй чи фæцыд, уыцы авд цуаноны, цæмæй Фсатийыл сæхи бафæдзæхсой æмæ сын уый сырдамонд радта. Нафийы хъуыды афтæ у, ома мæгуыр хъуамæ мæ- гуырыл.ауда, мæгуыры фарс хæца. Цæмæн хæцы уæд «мæгуыр» дарддзæст лæппу та хъæздыг фараст барæ- джы фарс? Уый тыххæй ницы дзуапп дæтты критик. б) «Мæ хъуыдыйæ, æвдгæйттæ кæй сты (авд лæп- нуйы залмы сыфтæ тилынц, авд лæппуйы аходæн фы- цынц, авд мæгуыр цуаноны бадынц айнæджы ныхыл!), уый дæр поэтæн нцмад у, хъæздыг барджытæ фараст кæй сты, уый дæр». Фæлæ цымæ уыды дарддзæст лæппу дæр, залмы сыфтæ чи тилы æмæ аходæн чи фыцы, уыцы æвдгай лæппуты нымæцмæ хауы? Æви дарддзæст лæппутæ дæр авд сты? Намæ нымæцон «авд» исты ахады, æм- дзæвгæйы кæронбæттæн ныхæстæ чи дзуры, уыцы ре- б>с райхалынæн? «Фæсдзæуиныл фидауы,— фыссы дарддæр Нафи,— йæ хицауæн «нæхион» зæгъа,-зæрдæлхæнынæн». Фыццаджыдæр, «нæхион» никуы фæзæгъы кæстæр йæ хистæрæн («нæхи» зæгъæн ма ис), цыфæнды зæр- дæлхæнæнтæ йын куы кæна, уæддæр. Фæлæ хистæр йæ кæстæры «нæхион» рахондзæнис. Дыккаджы та, «нæхион» сидæны объект нæу, номдар нæу, фæлæ у эллиптон вазыгджын мивдисæг, цухгонд дзы æрцыд æххуысгæнæг мивдисæг «у» («Нæхион у»). Эллиптон конструкци лаконизмы охыл! Уыцы кон- струкци у раззаг строфаты мидисы фæстнуæг. Авд цуа- ноны тынг хъазуатæй кæм зарынц, сæхи кæй хъарынц, цæмæй сæм Фсати ракæса, рафæлгæса æмæ сæ бафæ- дзæхса, уым Фсатийы зæрдæ бабуд, барухс сæ зæрдæ- бын уарзондзинадæй, сæ уæздандзинадæй (Фсатипæ ннцы курынц),"сæ лæгдзинадæй æмæ йæ циндзинад фемæхст æвастхъæрау æмæ дзы сирвæзт: «Гъе ныр, гъе, нæхион...» Æмæ йæ фæдыл ныххал сты фæдзæх- стон-бардзырдон «æлвæст» интонацитæ: «Разын ныр рæдау! Аскъæр сыл нæ сион, Хорз сæ фен лæгау!» Афоны фадаты фæрсдзырд «ныр» тыхджындæргæ- пæг хайыгимæ «гъе ныр, гъе» расайдта вазыгджын мивдисæджы эллиптон конструкци дæр, ассоциаци кæ- 27
ны «нæхион у» — уыцы мивдисæджы æлвæст формæи- мæ. Фсатийы циндзннад æвастхъæрау (Гъе ныр> гъе), тагъд куыд райхъуыст йæхионы фенгæйæ, уым æваст- хъæрау темпæй сирвæзт йæхионæн хорз ракæныны фæндон дæр. Уыцы фæндон цæуы фæлхатгонд æмæ конкретизацигонд афоны фадаты фæрсдзырд «ныр»-ы хуызæн: «Разын ныр рæдау! Аскъæр сыл нæ сион, Хорз сæ фен лæгау!» Фсати тындзы цуанæтты курдиат сæххæст кæнынмæ æмæ йæ ныхасы хатт дæр æлвæст уымæн у, эллиптон вазыгджын мивдисæг «нæхион»-æй дæр уымæн пайда кæны. «Нæхион» сидæны объект кæй нæу, уымæн æвдисæн сты ахæм æууæлтæ дæр. а). Æмдзæвгæйы структурæпæ, Фсати кæмæ дзуры, уый бæрæг у — дарддзæст лæппумæ. Уый та кæронбæт- тæн строфайы фæлхат кæнын уæлдай хылычъы у. б). Сидæны объект иуцасдæр къуылымпы кæны кæ- ронбæттæн строфайы темп æмæ динамикæ. Къуылым- пы йæ кæны йæ ритмикон структурæйæ дæр. Сидæны объектыл цавд нæ хауы, æмæ стихы ритмикон формæ фæиртæсдзæн строфайæ, стæй æмдзæвгæйы æппæт ритмикон композицийæ: Гъе ныр, гъе, нæхион... /—/ Æмдзæвгæйы ритмикон структурæ та у ахæм: /-/-/-. /-/-/ ^ыцы æууæлтæ Къоста иттæг хорз дæр ма бахынцта. РГæ фыццаг варианты спайда кодта сидæнæй «Гъе ныр, гъе, ’взæр сохъхъыр», фæлæ йæ иуварс акодта. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ ацы стихы «нæхион» эллиптон вазыгджын мивдисæг кæй у, уый нæ раха- тыдта тæлмацгæнæг А. Шпирт дæр æмæ йæ тæлмац дæр ракодта сидæнимæ: «Гъей, юнец! Рогатых выпу- сти скорей». «Нæхион» сидæн кæй нæу, уый бæрæг у фараст ба- рæгмæ æмæ авд цуанонмæ Фсатийы контрастон ахаст- дзинæдтæй дæр. Фараст барæгæн ницы радта, уымæн æмæ «Ахæмты тыххæй Уастырджи фæдавта Фос нæ мæгуыртæй». Авд цуаноныл та йæ сион ауагъта. Уымæн сæ хоны « нæхион» дæр — «ахæмты» ныхмæ. «Фæсдзæуиныл фидауы, — амоны дарддæр кри- 28
тик,— «Разын ныр рæдау!» зæгъын. Уымæн æмæ йæ хицау Фсати фыццаг курджытæн ницы радта». «Разын ныр рæдау!» кæд фæсдзæуиныл фидауы, уæд ыл мæнæ ацы бардзырд та «Аскъæр сыл нæ сион» кæ- цырдыгæй хъуамæ сфидауа?Чи зæгъдзæн «Нæ сион» — фæсдзæуин æви Фсати? Кæй зæгъын æй хъæуы, Фса- 1и! Намæ чи ратдзæн бардзырд? «Разын ныр рæдау! Аскъæр сыл нæ сион, Хорз сæ фен лæгау!» Уынаффæ æмæ бардзырд ам сиу сты. Бардзырд æмæ’уынаффæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Фсатийæ цæуынц, æххæст та сæ дарддзæст лæппу скæн- дз^ен. Бардзырдон интонацитæ æцæгæлон кæп сты дарддзæст лæппуйæн, ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ Фсатийæн куы фехъусын кодта фараст барæджы кур- диат, уæд ма бакодта: «Исты сын хæринаг к’ уаид уал цæттæ!..» Бæллиццаг здæхæкы дзуры йæ фæндон дарддзæст лæппу, бардзырдон уагыл нæ, фæлæ. Бардзырдон интонацитæ азæлынц Фсатийы хъæлæ- сæй канд ацы ран нæ, фæлæ фараст барæджы куы фæ- зындысты, уæд дæр: «Чи та нæ хъыгдары? Акæсут-ма тагъд!.. Ауадз сæ йæхимæ!—Уый та сæ хынвдзæн». Кæронбæттæн ныхæстæ Фсати кæй дзуры, уый тых- хæй æрхæссæм ахæм дæнцæгтæ дæр. «Аскъæр сыл нæ сион». Энклитикон номивæг «нæ» характерон у бар- дуаг Фсатийы лексикæйæн, кæстæриуæггæнæг-дард- дзæст лæппу та дзы хызт у: «Чи та нæ хъыгдары? Ахæмты тыххæй Уастырджи фæдавта Фос нæ мæгуыр- тæй». Уыдоны тыххæй Нафи ахæм хатдзæг кæны: «Худæджы амал сты, юморы фæрæз, Фсати йæхи иннæтыл кæм бары, уыцы бынæттæ дæр: «Чи та нæ хъыгдары? Акæоут-ма тагъд!» «Уастырджи фæдавта Фос нæ мæгуыртæй» «...Фсати, дауджыты хистæр æмæ хъæздыгдæр, йæхи мæгуыртимæ æмсæр акодта. Худæ- джы контраст!» Контраст æмæ юморæн ам сæ кой дæр нæй. Нафимæ гæсгæ, Фсати дзургæ куыд кæны, афтæ мæ- гуырты фарс нæу. Цæмæй бæрæг у? Стæй йе ’цæг хъуыдытæ Фсати цæмæн хъуамæ æмбæхса? Кæмæй тæрсы? Йæхæдæг бардуаг куы у! Фсатийы ахаст мæгуыртæм, «нæ мæгуыртæ» сæ кæй 29
хоны, уый хæрз хуымæтæджы нæу. Фараст барæгæц сырды кай дæр уымæн нæ бакодта, æмæ Удстырджи ахæмты тыххæй «нæ мæгуыртæй» фос кæй фæдавта. Фараст барæджы хъауджыдæр авд цуаноныл йæ си- он дæр уый тыххæй ауадзын кодта, æмæ мæгуыр, уæз- дан кæй сты, сæхи фыдæбонæй кæй цæрынц, давынмæ, хуыснæг кæнынмæ æмхиц кæй не сты. Уæдæ афтæ, «Разын ныр рæдау!» фæсдзæуиныл ни- цы хуызы фидауы. Фсати йæ кæй дзуры фæсдзæуинæн, уымæн т’а фидар бындур ис, уымæн æмæ фараст барæ- джы куы фæзындысты комы нарæджы, уæд диссаг фæ- кастысты дарддзæст лæппумæ, ахæм рæдау разындис, æмæ сыл батыхстис. «Исты сын хæринаг К’ уаид уал цæттæ!..» Æмæ йын уыцы хъуыддаг йæ цæстмæ бадардта Фса- ти дæр: «ныр»-ыл акцент кæнгæйæ: «Разын ныр рæ- дау!» Гъе афтæ, Фсати æмæ дарддзæст лæппуйы æхсæн цы контрастон ахастдзинæдтæ райтынг, уыдон дæр сæв- зæрдысты, фарастбарæгмæ æмæ авд цуанонмæ Фсати цы контрастон ахастдзинæдтæ дары, уыцы суадонæй. Фараст барæгæн «Исты сын хæринаг К’ уаид уал цæттæ!..» зæгъгæ, куы сирвæзт дарддзæст лæппуйæ, уæд ыл Фоати уайтагъддæр йæ тыфылт.æ скалдта, ра- хуыдта йæ «æрра» дæр. Фæлæ уьщы хъуыддаг дæр Нафи æмбарын кæны йæ,- хирдыгонау: «Фсати гуымиры æвзагæй дзуры фидиуæг лæппумæ, цуанæттæн исты хæринаг раттын рахуыдта æррадзи-* над». Ам дæр Нафи уыцы хъуыддагыл тæрхон кæны аб- страктон æгъдауæй, композицийы иннæ компонентти- мæ йæ нæ бæтты, нæ иртасы, Фсати йæ кæстæры «æр- ра» кæй хоны, уый фараст барæгмæ цы фыдæх ахаст дары, дарддзæст лæппу та уыцы барджыты фарс кæй у, уыцы æууæлтæй кæй рауылæн кодта. Фараст барæгмæ æмæ авд цуанонмæ ахастыты бын- дурыл Фсати æмæ дарддзæст лæппуйы ’хсæн цы конт- растон ахастдзинæдтæ райтынг, уыдон дарддæр афæд кодтой ахæм хуызы. Дарддзæст лæппу фараст барæ- джы фарс кæй фæцис. «Исты сын хæринаг К’ уаид уал цæттæ!..» зæгъгæ, сыл тыхсгæ дæр кæй бакодта æмæ йæ Фсати уый охыл æрра кæй схуыдта, уым йæ «гæрз- тæ» æрæвæрдта. 30
Авд цуаноны куы фæзындысты, уæд сæм цы цæстæй ракæсын хъæуы, уый рафæлгъауын ныр автор бакод- та æрмæстдæр Фсатийы æвджид. Дарддзæст лæппу ни- цыуал дзуры, цуанæттæм дурæй цы акаст, уымæй дарддæр. Æндæр у ныр йæ роль. Уый ныр уайдзæфæм- хасæн хъуамæ ф’ехъуса Фсатийæ, авд цуанонмæ цы цæстæй ракæсын хъæуы, æрмæстдæр æй ныр кæй ра- зынын хъæуы рæдау, уыдæттæ. Гъе ууыл райхæлдис æмдзæвгæйы сюжет. Афтæ йæ домдта персонажты контрастон ахастдзинæдты мидло- гикæ. Ахæм уагыл æй аскъуыддзаг кодта Къоста дæр. Фæлæ уыцы ахастдзинæдтæ, кæрæдзийыл куыд-тгБР" хæсынц, сюжет куыд змæлын æмæ рæзын кæнынц, уы- дæттæ нæ фæфиппайдта критик. Уымæ гæсгг/иæ бам- бæрста, æмдзæвгæйы кæронбæттæн ныхæстæ «Гъе> ныр, гъе, нæхион, Разын ныр рæдау!..» Фсати кæй дзу- ры. Нæ сæ бамбæрста ноджыдæр уый тыххæй, æмæ сæ автор фæцух кодта ремаркæйæ: «Фсати загъта». Къоста дæсны нывгæнæг уæвгæйæ ремаркæ уымæн нæ радта Фсатийæн, æмæ сюжеты райтынджы æппæт компоненттæй дæр, персонажты ахастдзинæдтæй æмæ, æппынфæстаг, Фсатийы æвзаджыхатты индивидуалон фæрæзтæй æнæуи дæр бæрæг кæй у, Фсати сæ кæй дзуры. «Текстмæ куы кæсæм,— сагъæс кæны Нафи,— Къостайы текстыл кæй куыд фæнды, ахæм хабæрттæ куы нæ мысæм, уæд ацы ныхæстæ чи зæгъы, уый ни- цæмæй бæрæг у». Иудзырдæй, Нафимæ гæсгæ, Къостайы æмдзæвгæйы нæй нæдæр бæлвырд бæрæг нывыл сюжет æмæ компо- зици, нæдæр персонажты ахастдзинæдты бæрæг систе- мæ, æмæ рахатæн нæй, чи дзуры кæронбæттæн ныхæ- стæ — Фсати æви лæппу? Чи сæ дзуры, уый рабæрæг кæнынæн дæр, Нафимæ гæсгæ, хъæуы «Кæй куыд фæнды, ахæм хабæрттæ мы- сын», уымæн æмæ, дам, «ацы ныхæстæ чи зæгъы, уый ницæмæй бæрæг у». Æнахуыр методикæ! Чи сæ дзуры, уый кæд ницæ- мæй бæрæг у, уæд цы сæрæн бахъуыди текстыл «кæй куыд фæнды, ахæм хабæрттæ мысын»? Цæмæй сæ пер- сонажтæй искæй рахонæм? Нафимæ гæсгæ сæ лæппу дзуры. Фæлæ кæмæн? Кæд æмæ йæхæдæг куыд фыссы, афтæмæй «ацыд сæм дард- дзæст лæппу, уыны сын сæ мæгуыр фæлыст, сæ хъаз- уат зарæг сын хъусы, фæлæ фæстæмæ не ’рбаздæхт, 31
Фсатийæн ницы загъта. Ситуаци фæуд нæу». Уæдæ ма сæ кæмæн дзуры? Иæхицæн? Цæй охыл? Æмæ цы расайдтой? Цæуыл фæуд кæны æмдзæвгæ? Иæ анализмæ гæсгæ, æппындæр ницæуыл! Лæппу фæстæмæ не ’рбаздæхт, зæгъгæ, уый дæр бынтон рæдыд хъуыды у. Лæппу фæстæмæ кæй æрбаздæхт, уый та хъуамæ кæ- сæг æмбара уацмысы мидлогикæйæ. Йе ’рбаздæхты кой та Къоста уый тыххæй не скодта, æмæ ницыуал аргъ хæссы сюжет райтынг кæнынæн. Куы ма йæ загъ- там, йæ роль ам ис æрмæстдæр уый мидæг, цæмæй Фсатийы дæлгоммæ уайдзæф æмæ бардзырд фехъуса. Кæронбæттæн ныхæстæ фæсдзæуин дзуры, зæгъгæ, уыцы хъуыдыйыл критик йæхæдæг дæр тынг не 'уУæн" ды. «Нæ, уый нæй, уæд та ацы ныхæстæ сты авторæн пæхи, ууыл та ноджы хуыздæр ,фидауынц. Дыккаг си- туаци фæлхат кæнын фæуагъта æрдæгыл, æртыкка- джы фæлхат кадæджы æппындæр нал и, уымæн æмæ йæ зоны, Фсати та уыдонæн дæр ницы ратдзæн æмæ йæм комкоммæ дзуры: «Ратт мæгуыр цуанæттæн дæ фосæй!» Цымæ Къостайы æмдзæвгæ æгæр примитивон компо- зицийы хуызы нæ бавдыста критик? Къоста сиды Фсатимæ: ратт мæгуыр цуанæттæн дæ фосæй! Гъе уый дын æмдзæвгæ! Гъе уый дын аивад! Кæронбæттæн ныхæстæ, куыд комкоммæ ныхасы хуыз, афтæ графикон æгъдауæй хицæнгоцд куы сты авторы тексты, уæд сæ Къостамæ цы хуызы ахæссæм? Намæ (куыд фидауы авторы æвзаджы ахастыл мæ- нæ ахæм фразæ? «Аскъæр сыл нæ сион». Цæуылнæ загъта поэт: «Аскъæр сыл дæ сион». Æви сион Фсати- йæн дæр æмæ авторæн дæр нумæйаг уыди? Кæронбæттæн ныхæстæ авторы сты, уыцы хъуыды > йыл дæр критик фæстагмæ йæ къух ауыгъта æмæ æрыздæхт йæ раздæры хъуыдымæ: «..,в первом варианте вместо стиха «теперь, вот те- иерь наш человек» был стих: «теперь, вот теперь дур- ной слепец» («Гъе ныр, гъе, ’взæр сохъхъыр»). Вряд ли естественно, чтобы престарелый Фсати говорил Дальнозоркому слуге — слепец, но в адрес Фсати та- кое мог, конечно, сказать про себя Дальнозоркий, а Еслух сказал — «нæхион», «наш человек». 32
Думаю, что в таком чтении поэмы нет внутренних противоречий» («Внимание — стихи Коста!»). Гъе уый та ноджы вазыгджындæр ребус! Æмдзæв- гæйы фыццаг варианты рæнхъ «Гъе ныр, гъе, ’взæр сохъхъыр» кæй раивта «Гъе ныр, гъе нæхион»-æй, уый фæдыл ребус! Ныр та, Нафийы методикæмæ гæсгæ, уыцы рæнхъ кæсгæйæ мах хъуамæ кæддæриддæр нæ зæрдыл да- рæм, лæппу Фсатимæ дзургæйæ йæхинымæр фæзæгъы «’взæр сохъхъыр», хъæрæй та сдзуры «нæхион». Æмæ, дам, ыл уый хорз фидауы! Кæм фыст ис уый? Фæлæ цæмæй бæрæг кæны Нафи» æмæ «’взæр сохь- хъыр» лæппу дзуры æмæ афтæ Фсатийы хоны? Йæ хъуыды бафидар кæныны тыххæй критик æмдзæвгæйы текстмæ апелляци нæ кæны, персонажты контрастон ахастдзинæдтæ нæ иртасы, фæлæ... Лæппу дарддзæст кæй у, Фсати та зæронд, уыдæттæ хынцгæйæ Фсати лæппуйы «’взæр сохъхъыр» хъуамæ ма схона, —ахæм у Нафийы хъуыдыты ахаст, уымæн æмæ... «Недавно, после написания статьи, мы нашли пря- мое подтверждение этого логического соображения. Оказывается, Фсати действительно был «сохъхъыр»— слепой на один глаз, кривой». Фсатийы сохъхъыр кæй хуыдтой, уый куы бауырныд- та Нафийы, уæд цæхгæр алыг кодта: «Теперь, по-мое- му, можно больше уже не сомневаться в том, что сло- ва последней строфы поэмы Коста принадлежат Даль- нозоркому слуге и обращены к «Кривому Фсати». Спор вокруг этой строфы исчерпан». Фæлæ критик, адæмон сфæлдыстады Фсатийы сохъ- хъыр хуыдтой -æви нæ, уыдæттæ агурыныл куы нæ схæцыдаид, фæлæ Къостайы текстмæ лæмбынæгдæр куы ’ркастаид, куы йын рафæлгъаудтаид йæ компози- ци, персонажты ахастдзинæдтæ, се ’взаджы хатт, уæд бирæ хуыздæр уыдаид, уæд ахæм рæдыд хатдзæгтæй йæхи бахызтаид. Къостайы текоты та хабар афтæ у. Поэт паралле- лизоды бындурыл равæрдта Фсатийы æмæ фидиуæг лæппуйы фæлгонцтæ. Уыцы бындурæн цы дур æрæ- вæрдта — эпитет лæппуйæн «дарддзæст»,— уый хъуа- мæ исты ассоциацитæ сæвзæрын кæна, исты хуызы хЪуамæ сахада, исты бæлвырд нысаниуæг ын хъуамæ 2 Заказ № 393 33
уа. Уый куы нæ уа, уæд эпитет «дарддзæст» ауыгъдæй аззайдзæн, иртæст уыдзæнис лæппуйы фæлгонцæй, стæй æмдзæвгæйы композицион тынæй. Æмæ поэт лæппуйæн эпитет «дарддзæст»-имæ ноджыдæр радта «’взæр сохъхъыр». Антонимтæ «дарддзæст» æмæ «сохъ- хъыр!» Цæмæн бахъуыдысты? Цы функци хæссынц? Куыд фидауынц иу персонажыл! Фидиуæг лæппу «дарддзæст» йе ’рдзон æууæлтæм гæсгæ, *фæлæ йæ митæм, йæ архайдмæ гæсгæ, сюжеты цаутæ куыд уы- ны, куыд сæ иртасы æмæ сын куыд аргъ кæны, уыдæ — тæм гæсгæ та сохъхъыр, æвзæр сохъхъыр, куырм! Лæппу айнæджы былæй сау комы бынмæ къухаууо- нæй акаст. Æмæ дзы федта диссаг. Автор акцент ара- зы «федтон»-ыл, хъуыдыйады уæнгты равæрды фæткы æрдзон уавæртæй сæ фæиртæста, инверсион фæткыл сæ равæрдта: «Федтон,— загъта,— диссаг Комы нарæджы: Курынц иу мæллæг саг Фараст барæджы!.. Топп — ерæдзыпп, хъримаг; Бæх — саулох бæхтæ... Исты сын хæринаг Кг уанд уал цæттæ!..» Фæлæ диссаг цы схуыдта, уый диссаг нæ фæкаст Фсатимæ. Æмæ йæ «æрра» дæр куыинæ схуыдтаид. Æмæ дыккаг эпизоды, авд цуаноны зарæгмæ хъус- гæйæ Фсати йæ цæстмæ дары лæппуйæн, уый æвзæр сохъхъыр кæй у, фараст барæджы фæзынд диссаг кæй рахуыдта, фæлæ кæй нæ федта, æцæгдæр диссаг чи у, уыцы авд цуаноны, уыдон тыххæй Фсатийæн кæй ни- цы дзуры, кæй ныхъхъус. Гъе ныр, гъе, «’взæр сохъхъыр».— (1-аг вариант). Гъе ныр, гъе, нæхпон, (фæстаг вариант)— . Разын ныр рæдау!.. Кæронбæттæн ныхасы иннæ лексикон элементтæ дарддзæст лæппуйыл куыд нæ фидауынц, афтæ йыл нæ фидауы Фсатийы «сохъхъыр» рахонын дæр. Фсатийæн ис бæлвырд аххосæгтæ, цæмæй йæм уы- цы номæй бадзура, уымæн æмæ дарддзæст у, афтæ- мæй... Уæдæ йæ зæгъын хъæуы æргомæй.’Адæмон сфæлды- стады Фсатийы сохъхъыр кæй хонынц, уымæ гæсгæ дарддзæст лæппу дæр Фсатийы хъуамæ «сохъхъыр» хона æппын ницы æфсонæй? Уацмысы æппæт хæйттæ дæр иртасын хъæуы уæлæмхасæн, иувæрсыг æрмæг-æй ыæ, фæлæ уацмысæн йæхи структурæйæ. Бахынцинаг у ноджыдæр ма иу хъуыддаг. Адæмон 34
сфæлдыстады Фсатийы кæд «сохъхъыр» хонынц, уæд- дæр уый афтæ нæ амоны, æмæ Фсати уыцы номæй лæппуйы ма рахона. Уый нæ фæлæ лæппуйы сохъ- хъыр схонын Фсатийыл фидаугæ дæр тынг кæньт. Цæ- мæн? Уымæн æмæ, чи цæмæй хъæрзы, уымæй фидис кæнынмæ æмхицдæр у. Гъе афтæ æркасти критикон цæстæй Джусойы-фырт Къостайы «Фсати»-мæ. Фæлæ уыцы критикон цæстæн- гас йæхæдæг ссис критикæйы объект. 2*
ТГ8Г^гггУ \чч гг; тп;ч«;;; V\п гг;;;*л;;тг; ; л ъ ;пг;ттуггп;т;пггпТТ7ТТГ МАЯИТЫ ВАСО УАРЗОНДЗИНАДЫ ЛИРИКÆ ИРОН ПОЭЗИЙЫ Ирон адæмы сфæлдыстады уарзондзинады зарджы- тæ ахсынц ахъаззаг бынат канд сæ бæрцæй нæ — сæ идейон-эстетикон ахадындзинадæй, формæты алыхуы- зондзинадæй, поэтикон мадзæлттæй. Уарзондзинад цы у æмæ куыд у, уый адæм хорз базыдтой æнусты дæр- гъы, адæймаджы æнкъарæнтæй æндæр исты йæ фарс- мæ æмсæрæй æрæвæрын зын уыди. Æмæ æцæгæй дæр, цæимæ ис абарæн уарзт — уыцы диссаджы удсыгъдæг- гæнæг æнкъарæн, сабийы зæодæйау хивæнд чи у, зæ- ронд лæгау зондджын, арвау парахат. Йæ тыхы ахаст ын абариккам мæлæты тасимæ, ’фæлæ лæг йæ уарзты фæдыл мæлæтмæ дæр цæуы. Æнæуынондзинад? Æнæ- уынондзннадыл дæр фæуæлахиз вæййы уарзт. Уый тыххæй ахсы уарзондзинады темæ ахæм стыр бынат Нарты эпосы, таурæгъты, аргъæутты, зарджыты. Æмæ æрдзы уыцы диссаджы лæвар адæм йæхи адыл ныу- уадзой, уымæн гæнæн нæ уыди. Скодтой дзы сæ цард р>хсдæр æмæ рæсугъддæр кæныны мадзал. Уарзт йæ пндивидуалон фæзынды арæнты мидæг хибарæй нæ уагътоп, чындзæхсæвтæ, куывдтæ, хъæзтытæ, хабæрт- тæ, таурæгътæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ бпрæ æн- дæр хъуыддæгты фæрцы-иу æй æхсæны хæзнайæн ра- хастой, чссыгътой-иу æй сæ талынг арвыл стъалыйæн. Цас фылдæр уыдысты лæппутæ æмæ чызджытæ, уый- ас фылдæр рухсытæ калди адæмы цардмæ. Уыдис-иу сау замантæ нæ фыдæлтыл, стырæй, чысылæй-иу æгъа- тыр хæстыты куы фæцагъды сты. Фæлæ-иу уæддæр, уыцы æбуалгъ мæйдары дæр кæцæйдæр æрттывта æнусон уарзондзинады стъалы æмæ-иу, æгас ма чи баззад, уыдонмæ сидти, хуыдта сæ цардмæ, мæлын сын нæ ауагъта сæ ныфс, сæ хъаруйы муртæ. Уарзондзинад адæймаджы тохы бон хъæбатыр кæ- ны, сабыр царды рæстæг — уæздан, адæмы æгъдауыл æй хæцын кæны. Æмæ уыцы хъуыддаджы адæм 36
агуырдтой æмæ ардтой хъомылады ахъаззаг фæрæз. Ай-гъай, уарзондзинады историйы трагедитæ дæр чы- сыл нæ.уыди, фæлæ ныртæккæ ныхас уыдоныл нæ цæ- уы, мыййаг. Уарзондзинады зарджыты персонажтæ хайджын уыдысты æртæ хорздзинадæй: конд æмæ уын- дæй уыдысты рæсугъд, лæджыхъæдæй æххæст (æхсар, хъару, фæразондзинад æмæ лæгдзинады æндæр æу- уæлтæ мады гуыбынæй рахастой), стæй раст зондыл хæст уыдысты. Адæмон поэтты нывгонд фæлгонцты алыхуызон ахорæнтæй æрттивгæ æмæ алыхуызон зæл- тæй зæлланггæнгæ сиу вæййынц æрдз æмæ цæрæгой- ты миниуджытæ, уыцы миниуджытæй пайдагонд цæуы æдæрсгæ, парахатæй, суанг ма тугдзых сырдмæ дæр разыны иу исты ахæм æууæл, адæймаджы дæр чи сфи- дауын кæнид. Зæгъæм, Агуындæйы адæмон характе- ристикæйы ис ахæм абарст: «Йæ куыстмæ лæбурд — бирæгъы ’внæлдау». «Кизгайти кизгайи зар», зæгъгæ уым’ сырдтæ æмæ мæргъты нымæц хæццæ кæны иуæн- дæсмæ: алкæмæй дæр ист æрцыди ахæм диссаг ми- ниуæг, рæсугъд æмæ сæрæн чызджы фæлгонц цардæ- гас æмæ æххæстæй равдисынæн æххуыс чи у. Афæдзы афонтæ, бон æмæ æхсæв, арв, стъалытæ, хæхтæ, дæт- тæ — цыбырдзырдæй, æрдз æмæ рæстæг уыдысты адæ- мон зарæггæнджыты поэтикон ахорæнты хъæздыг къæ- биц, сфæлдыстадон гæнæнтæ æмæ мадзæлтты сæрæй- исгæ æмæ бынæйахадгæ æвæрæнтæ. Фæлæ кæд уар- зондзинады зарджыты конд æмæ уындæн стыр ахадын- дзинад ис, уæддæр æддаг бакасты рæсугъддзинад адæймаджы хуыздæр æууæлты уæле паддзахы чызджы хуызæн не сбадын кодтой. Уымæй лæджыхъæдæн стыр- дæр аргъ кæнынц адæм/ Зарджыты, аргъæутты, кад- джыты арæх усгуртæн дæр æмæ чындздзон чызджы- тæн дæр сæ лæджыхъæд æмæ фæразондзинад фæлвæрд цæуы стыр зындзинæдтæй. Уыцы зындзинæдтыл чи фæуæлахиз вæййы, æрмæст уый у æцæг уарзты аккаг. Адæмон сфæлдыстады уыцы æнæивгæ традицион фæтк хъомыл кодта фæсивæды, ахуыр сæ кодта (цыма мад сывæллоны къахыл дæуыныл) фæразон æмæ хъару- джын уæвыныл, донæн йæ тæнджыты нæ, фæлæ йæ æр- фыты лæгæрдыныл. Фæлæ адæм зарджыты кæй уарзондзинад зарынц, уыцы усгуртæ æмæ чындздзон чызджыты идеалгæнæг хорз миниуджытæн сæ тæккæ ахъаззагдæрыл кæддæ- риддæр нымад цæуы раст зондаха.ст. Бакастæй рæ- 37
сугъд ницы мары, уд лæджыхъæдæй æгуыдзæг куы уа, уæд. Фæлæ лæджыхъæд дæр йæхæдæс иунæгæй адæмы бæллицды аккаг нæу : ныууадз æй йæхи æв- джид — чердæм фæуыдзæц, æрра уырсау, хæйрæг йæ зонæг. Хорз бæхы хуызæн уый дæр хъæуы хорз ба- рæг — раст зондахаст. Цы хонæм «раст зондахаст?» Адæмы цæрайæ цæрын, фыдæлты хорз æгъдæуттыл хæцын, расты сæрыл дзурын, зылыны ных къуырын, лæджы намыс тырысайау хæссын, сыгъдæгзæрдæ уæ- вын, Фыдыбæстæ æмæ сæрибары сæраппонд тох кæ- нын. Бирæ сты раст зондахасты бæрæггæнæнтæ, нымад сæ чи фæуыдзæн. Лæгфæллоймæ цы цæстæй кæсы, уы- мæй æппæтæй тынгдæр бæрæг кæны йæ зондахаст. Адæмы сфæлдыстады тохы хъайтарты æмрæнхъ (хат- гай ноджы бæрзонддæр бынаты) æвæрд цæуы кусæг лæг. Нæ фыдæлтæ фæллойæн куыд стыр аргъ кодтой, уый налхъуыт-налм^асы хуызæн тæмæнтæ калгæйæ зьь ны уарзондзинады зарджыты дæр. Мæнæ «Гуасси рæ- сугъди зар». йæ формæ у ахæм: зарджытæ дзурынц Гуассæмæ, уый сын дзуапп дæтты. Зарджытæ рæсугъд Гуассæйы буцдæрæн хонынц уæздан æмæ тыхджын мыггаг Тасолтанты æхсин-æфсин. Сæрыстыр ирон чызг уый йæ сæрмæ нæ хæссы. «Тасолтантæй мæ ма хонут,— зæгъы сын,— уыдон сæ чызджыты уæй кæнынц». Уæд æй фæрсынц зарджытæ, цавæр кад, цавæр ном дын ссарæм, зæгъгæ. «Мæнæн мæ ном мемæ райгуырди». Ацы дзуаппы арф мидис сыгъзæрин æндахы къуыбы- лойау сабыргай хæлдзæн зарæджы нывæсты кæрæй- кæронмæ, æмæ фæстагмæ ирд æмæ тыхджынæй сбæ- рæг уыдзæн, чызг йæхи номæй уæлдай йæхимæ æндæр номæй дзурын цæуылнæ уадзы, уый, фæлæ уал ын ныр >адæм йæ намыс æмæ йæ рæсугъддзинад барынц тæк- кæ тыхджындæр æмæ уæздандæр м.ыггæгты намыси- мæ, цæрæгойтæ æмæ зайæгойты хуыздæр миниуджы- тимæ, цыбырдзырдæй, йæ чызгон зæрдæ йын фæлва- рынц, лæджы йæ фæдыл хæйрæгау чи сайы, хъæздыг- дзинад, тых æмæ рæсугъддзинады уыды æнусон сим- волтæй. Нæ сæтты Гуассæ, цæимæ йæ абарынц, уы- мæ исты фау æрхæссы. Зарджытæн ма баззад фæстаг фæлварæн: Гуассæйы схуыдтой «паддзах Гуассæ, Уæ- рæсейы мад æхсин-æфсин». Уымæй стырдæр кад скæ- нæн нал ис сылгоймагæн! Фæлæ Гуассæйы уд разын- дн уыцы кадæй дæр кадджындæр, æппæт хæрзтæй 38
хуыздæр, æппæт хæзнатæй зынаргъдæр! «Афтæ дæр мæ ма хонут, ма — паддзах адæмы фыдхор хуыйны». Цы диссаг у, кæцæй цæуы хуымæтæг чь!зджы куыры- хон зонд, йæ’ хъару, йæ сæрыстырдзинад? Ацы фар- стæн дзуапп дæтты зарæг йæхæдæг: 3 а р г у т æ: Нæ кадгин, радгин, рæсугъд Гуассæ, Уо, мæгур лæги дарæг æфсийнæ! Г у а с с æ: Гъе уотæ ба мæ хонетæ, гъе,— Хæзнати хæзна æй лæги дзæбæх. 3 а р г у т æ: ’Ма дин дессаг, устур дессаг, Ду косæг лæгмæ цы цард агоркс? Г у а с с æ: Хæдзарæ, бæстæ косæг зæгъуй, Уоси цард рæсугъд кустæй цæуй. Гъе уымæй сæрыстыр у Гуассæ, уыцы зондахастæй у æнæбасæттон йæ зæрдæ, арф мидисджын йæ рæсугъд- дзинад. «Мæ ном мемæ райгуырди» — ацы дзуаппы арф хъуыды ныр денджызы бынæй ист налхъуыт-налмасау бæлвырдæй разынд: хæзнаты хæзна у лæджы дзæбæх. Æмæ уыцы дзæбæх та барст цæуы, адæнмаг фæллой- мæ цы ахастдзинад дары, уымæй. Гуассæ йæ ном пад- дзах- æхсин- æфсинæй дæр уæлдæр æвæры, уымæн æмæ йæхи нымайы кусæгыл, райгуырд кусæг ныййар- джытæй, кусæг адæмы æхсæн. «Усы цард рæсугъд куыстæй цæуы», æмæуымæй стырдæр амонд нæй зæх- хон сылгоймагæн. Уыцы раст фæллойы хуымæтæг амонд хуыздæр у мулкæй, уæздан тугæй æмæ паддза- хы бадæнæй. Ацы хъуыды адæм рæсугъд чызджы дзы- хæй хуымæтæджы нæ дзурынц — зарджытæ æмæ Гу- ассæйы ныхас æнæхъæнæй дæр арæзт у фæсивæдмæ. Рæсугъд чызг, ай-гъай, йæхимæ æркæсьш кæндзæн ус- гурты йæ конд æмæ йæ уындæй. Фæлæ æцæг уарзты фæндаг,— дзурынц адæмон за- рæггæнджытæ,—хъуамæ дарддæр цæуа, æддаг бака- сты цы ис, уымæй. Стыр уарзты аккаг сты зарджыты персонажты хуызæн чи у, æрмæст ахæмтæ. Афтæмæй адæм хъомыл кодтой æрыгон зæрдæйы æнкъарæн — ахуыр æй кодтой (дыма мад сывæллоны къахыл цæуы- 39
ныл) царды хæрдтæ æмæ уырдгуыты раст фæндагыл æцæг нысанмæ цæуыныл. Æнкъарæнтæн дæр ис хъо- мылгæнæн, уæдæ! Уый адæм тынг хорз зыдтой æмæ сæ царды уаг, се ’гъдæуттæ, сæ тыхджын сфæлдыста- ды фæрцы фæсивæды тыхджын æнкъарæнтæй арæзтой царды фæрæз. Æмæ кæд чызг кæнæ лæппу æмгæртты æхсæн сæрæндæры агуырдта къайæн, уæд хъуамæ йæ- хæдæг дæр хайджын уыдаид, адæм зарджытæ кæуыл кодтой, уыцы хорз миниуджытæй. Æмæ ууыл йæ уд чи нæ хъардта! Кæд нæ рæдийын, уæд мæ ныхасæй æмбæлы ахæм хатдзæг скæнын: рагон ирон адæмон сфæлдыстады уарзондзинады зарджытæн сæ идейон- эстетикон ахадындзинад æнæскъуынгæ баст у сæ хъо- мыладон нысаниуæгимæ. Æнкъарæнтæ индивидуалон фæрæзтæй, интимон хуызы сæхи нæма равдыстой. Фæ- стæдæр уарзондзинады зарджыты фæзынд хъынцъым: «Цы ма кæнон, сау чызджы æлгъыст мыл цæудзæни...» («Дæдадæй»). Фæлæ уыцы хъынцъымæн йæ социалон бындур нæма зынди: усгур тарсти йæ уарзон чызг æм уазал цæстæй куы ракæса, æндæр искæй куы бауарза. Чызг кæнæ лæппу хъæздыг мыггагæй у æви мæгуыр адæмæй, уый тыххæй зарджыты ницы загъд ис. Уар- зондзинадыл дæр содиалон æфсондз конд кæй æрцыд, уый равдисыны хæс йæхимæ райста профессионалон литературæ. Статьяйы сæргонд нæ зæрдыл дарæм — дзурæм æрмæст уарзондзинады лирикæйы тыххæй, ин- нæ жанртæм куы авналæм, уæд нæ ныхас, æвæдза, дæрдтыл æмæ уæрæхтыл æрзилид. Уарзондзинады ли- рикæ Къостайы «Ирон фæндыр» систа йæ тæккæ уæл- дæр цъуппытæм, æмбал кæмæн нæй, ахæм дæсныйа- дæй йæ скодта æнæмæлæт, нывæрдта дзы æнусон зæр- дæйы арф уынæргъын. Адæм зарыдысты «Фесæфч>, «Азар», «Хæрзбон», «Чи дæ?», «Усгуры хъынцъым», «Усгуры мæт», зарыдысты сæ афтæ, -цыма сæ незама- нæй нырмæ зыдтой. Зыдтой сæ бæгуы — сæхи зæрдæ, сæхи бæллицтæ æмæ сагъæстæ, се ’нусон хъыг æмæ дин куыд нæ зыдтаиккой, æмæ сын сæ афтæ ирд æмæ æххæстæй сыгъзæрин фæлгонцты чи равдыста, уыцы лæджы фæзындмæ æнхъæлмæ кастысты, пырхгонд æф- сад йæ фæтæгмæ куыд фенхъæлмæ кæсы, афтæ. Къос- та уарзондзинады лирикæйы дæр хъуыды кæны æппæт адæмыл. Æмдзæвгæ «Фесæф», зæгъгæ, уым ныхас цæуы хо- хаг лæппуйы æнамонд уарзондзинадыл. Чызг æмæ 40
лæппу уарзтой к&р&дзй. «Кæд кæрæдзийы Фаг нæ рæвдыдтам? Кæд кæрæдзийæн Фаг нæ фæдзырдтам Уарзон ныхæстæ Цард æнхъæлæджы?! Гъей, цы хъал уыдтæн Уыцы рæстæджы!..» — уарзты тарф æрхæн- дæг æй йæ быны скодта, афтæмæй дзуры лæппу. Иæ уарзон æй афæлывта: «Дзырд хуыцауы раз Радта ин- нæмæн, Къухæй нал ласы Ныр йæ къухдарæн»... Цы ’рцыди, цæмæн сивта чызджы зæрдæ йæ уарзоныл? Конд æмæ уындæй, лæджых^ьæдæй, мыййаг, йæ ног усгур лæгдæр нæу... Нае, ам сæ кæнон бакодтой хæрам социалон цардæвæрды фæтк, мулк. Къоста уыдæтты тыххæй комкоммæ нæ дзуры, æрмæст нæ уарзæг лæп- пуйы цæстытæй бакæсын кæны чындздзон чызгмæ; Дæу сырх дарийæ Хорз æсфæлыста! Дæу сыгъзæрин рон Нарæг балвæста!.. Усгурæн йæхи нæ уынæм, лæппуйы ныхæстæй зо- нæм — лæгдзинадæй уыйас раппæлпнаг нæу. Фæлæ уый цы давы (лæппуйы ацы хъуыды ’ргæвды æнæ кар- дæй, маст æвзæрь^н кæны чиныгкæсæгмæ дæр) лæг хъæздыг куы уа, уæд? Хъæздыг кæй у, уый та зыны йæ усаджы фæлыстыл: сырх дари, сыгъзæрин рон... Дари, сыгъзæрин... Бахъуыды кæнæм бар æмæ тыхы ацы символтæ. Адон ирон поэзийы фæзындысты фыд- былызы сау нысæнттау, æлхæнынц уарзондзинад, уæй йæ кæныыц, æлхъивынц æмæ йæ ссæндынц, цыбыр- дзырдæй, сæхи хуызæн товар дзы скодтой. Къоста чъынды у дзырдтыл, фæлæ иугæр загъта — йæ дзырд рæстдзæф топпы фатау сæмбæлы мысаныл. Стыр поэ- ты æдæппæт дыууæ дзырды бахъуыди (дари, сыгъзæ- рин) æхсæнады уæззау социалон фыдæх равдисынæн. Чызджы чи хæссы, уый цыма кæмдæр аууоны лæууы, æмдзæвгæ кæсгæйæ афтæ зыны. Фæлæ бынтон афтæ нæу. Уыцы дыууæ æнæхайыр дзырды—дари æмæ сыгъ- зъæрин —цыдæр хуызы æвдисынц бонджын лæджы æфсæст амонд; мулк ын цы тых дæтты, >уымæй амард- та мæгуыр лæппуйы уарзондзинад, чызджы зæрдæ та балхæдта. Карз æмæ æнæбын у лирикон геройы хъын- цъым, цæрын дæр æм нал цæуы, уарзт уæййаг кæм сси, уьщы дунейы. Æмæ кæмæ нæ бахъардзæн йæ уды’рыст? Лæппу цы уавæры ис, уый ирд æмæ тых- джынæй æвдыст цæуы йæ алы ныхасæй дæр: «Калмау 41
мын мæ риу СудЗгæ баууылдта Маст —зæрдæхалæн...» Æмæ ацы егъау хъыджы æмных контрастæй æвæрд пæуы æндæр ныв — чызг цы уавæры ис, уый: «Риуы ’гъиæджытæ Хъазынц стъалытау...» Къоста ам дæр бæлвырд æмæ лыстæг ныхас нæ кæны, чызг чи у æмæ цы у, ’цы зопдахаст æм ис, уыдæттыл. Йæ уарзондзи- пад мулкыл кæй баивта, уый бæрæг у æмдзæвгæйы: «Къухал! нал ласы Иыр йæ къухдарæн...» Ныр, чындзы куы цæуы, йæ уарзон та йæхицæн бынат куы нал ары, уа:д йæ мидуавæр цы хуызы æвдыст цæуы? Иæхæдæг йæхн кæуыл уæй кæны, уыцы хæзнаты æрттывдæй: «Риуы ’гънæджытæ Хъазынц стъалытау...» Æндæр хуызы хъуыдыгæнæн ис чызджы тыххæй, æндæр цæс- тæй йæм акæсæн ис? Кæд æй, мыййаг, тыхæй дæттынц, кæй нæ уарзы, уымæ,— нæ фыдæлтæ фæндонæй арæх нæ фарстой сылгоймæгты. Ахæм гуырысхойæн бындур нæй æмдзæвгæйы. Дзырд «хъазынц» («Риуы ’гънæ- джытæ Хъазынц стъалытау) — куыд фæзæгъынц, иу гæрахæй мары дыууæ сырды: иуырдыгæй, чызджы бæл- лиццаг æддаг бакаст æвдисы тыхджын æмæ ирдæй, иннæрдыгæй — йæ зæрдæйы уаг — разы у йæ хъысмæ- тæй. Чызг æнкъард куы уыдаид, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ риуы ’гънæджытæ дæр стъалытау нæ хъа- зыдаиккой, сылгоймаджы цæстыты æохæндæг ттыфæн- ды хæзнайы æрттывд дæр бамынæг кæндзæн. Ныр æн- дæр фарст æрлæудзæн нæ размæ. Æмæ кæд чызг йæ мойаджы уарзгæ кæны? Чындзы цæуын ын æвæндон у, уый тыххæй чысыл здæхт дæр нæй æмдзæвгæйы. Æмæ уæд цы аххосджын у чызг? Лæппуйы кæй нал уарзы, уый, чи никуыма æрцыди, ахæм диссаг нæу—æвзонг зæрдæ хивæнд у, йæ бар йæхи у æмæ равзæрста æн- дæры. Хъуыддаг афтæ у, зæгъгæ, уæд, æвæдза, æм- дзæзгæ фестид æнæном уарзондзинады хуымæтæг ис- Тори, иттæг аивæй кæй радзырдæуыд. Фæлæ æмдзæв- гæйы мидис у арфдæр, æвналы дарды социалон уидæг- тæм, йæ идейон-эстетикон хъомыс ын, фæлгонцтæй дзургæйæ, денджыз куы схониккам, уæд нæ цæстыл ауаид, чи йæм кæлы æмæ кæмæй равзæрд, уыцы æнæ- нымæц чысыл хæххон суадæттæ. Æмæ уыдон суадæт- тæ не сты, фæлæ бар æмæ тых кæй уарзондзинад ба- Æын кодтой, уыцы æвзонг зæрдæты хъыг æмæ æрхæн- дæг, маст æмæ цæссыгтæ сты. Ай-гъай, чызг æвæндо- нæй цæуы чындзы, зæгъгæ, уый уаид æнамонддзн- ^над. Фæлæ Къоста уыны дарддæр, адæмы кæсын кæ- * 42
*Ш суа’нг йенæбары хъуыддагæй дæр тæссагдæр чи у, ахæм ног æхсæнадон фæзындмæ. Цы у уыцы «ног» фæзынд? Чызджы тыхæй лæгмæ дæттын феодализмы дугæй баззад. Ацы хъуыддаг цас æбуалгъ у, цас фыд- былызтæ æрхæссы, уый адæм уыдтой сæхи цæстæй. Æмæ уынгæ ^кæй кæнай, уыцы знагимæ та æнцондæр хæцæн у. Фæлæ хохы фæзынди æндæр знаг,— адæм æй дзæбæх нæма уынынц æмæ нæма хатынц. Уый у капи- тализм. Феодализмау куыр!м æмæ гуырымыхъхъ нæу, кусы хинæй, мæнгæрттывд кæны, сайы, йæхи æвдисы хæрзгæнæгæй, цивилизаци хæссæгæй. Иæ фадыварц— ног, йæ уд — рагон. Дзуры: алцæмæй дæр ис æлхæнæн æмæ уæйгæнæн, лæджы намыс дæр товар у, уарзон- дзинад дæр. Къоста комкоммæ уыцы хъуыддæгтыл кæ дзурьг,. фæлæ йæ диссаг курдиаты фæрцы равдыста, цас мæн- гард æмæ тыхджын у капитализмы зин: чызг барвæн- донæй уæй кæны йæ уарзондзинад сырх дари æмæ сыгъ- зæриныл. Уый цас хуыздæр у æнæбары хъуыддагæйЭ’ Фæуиккам нæ ныхас ууыл, фæлæ исчи куы ныллæу- уа: «Чызг уарзы æви нæ уарзы йæ хъæздыг усгурьг,, уый бæрæг нæу æмдзæвгæйы». Зæгъын: бæрæг у. Нæ уарзы. Цæмæн бауарза, йæ раздæры уарзонæй лæджы- хъæдæй цауддæр чи у, ахæмы? Уый иу. Иннæмæй лæп- пу йæхæдæг куы зæгъы: «Афæлывта мæ Сауæрфыг рæсугъд...» Иуы чи афæлывта, уый иннæйы дæр афæ- ливдзæн. Æртыккаг, æмæ сæйрагдæр: чызгæн йæ æч- къарæнты тыххæй ницы дзуры лæппу, нымайы йын йæ дзаумæттæ — хъæздыг лæвæрттæ — къухдарæн, сырх дари, сыгъзæрин рон, риуы ’гънæджытæ — цыбырдзыр- дæй, чызг йæхæдæг царды сæйрагдæрыл цы нымадта, уыдæттæ. Æмæ уæд чызджы зæрдæ цы фæци, цы ми кæны? Мæнæ фæрстыты фарст! Чындзы, кæй нæ уарзы, уымæ цæуыу афтæмæй йæ зæрдæ рухс у. (æрымысæм: «Риуы ’гънæджытæ Хъазынц стъалытау...») Ам Къоста адæ- мы æргом здахы, уæлдæр кæй кой ракодтам, уыцы тæсс^г «фæзындмæ»: ныронг мулкæй гуырд бар гуы- миры тыхджын къухæй æддæрдыгæй (кæд афтæ зæ- гъæн ис, уæд) тых кодта адæймаджы æнкъарæнтæн, ныр мидæмæ бахызт (мады æхсыримæ йæ бадардæ- уыд) æмæ уым хицауиуæг кæны зæрдæйæн. Чызг иунæг нæу, бирæ ис фæсивæды æхсæн ахæмтæ: цард 43
сæ афтæ хъомыл кæны, æмæ уды хæзнаты ницæмæ да- рынц бар, тых æмæ хъæздыгдзинады цур. Гъе ууыл хъынцъым кæны Къоста, йæ дзырды ба- уагъта æрыгон сонт зæрдæйы æппæт маст æмæ хъы- джы тых, цæмæй йæм адæм æрыхъусой. Æмдзæвгæйы эмоционалон ахаст афтæ арф у, æмæ ахъуыды гæнæн пс, авторæн йæхп интимон æнкъарæн- ты судзгæ зплдухы райгуырд, зæгъгæ. Уæд афтæ дæр, фæлæ æмдзæвгæйы иумæйаг мидис кæуылты дарддæр • ахызт иу уарзондзинады хъысмæты арæнтæй! Ныр ма иу хъуыддагмæ нæ цæст æрдарæм. 'Лæппуйы дзыхæй нунæг уайдзæф, иунæг фидис, кæнæ æфхæрæн ныхас не схауд, кæд æй чйзг афæлывта, уæддæр. Уый ууыл дзуры, æмæ æмдзæвгæйы налхъуыт-налмасау нрдæй зыны Къостайы моралон-этикон кредо: сылгоймагмæ уæздан æмæ хиуылхæцгæ цæстæнгасæй кæсын. Уыцы цæстæнгас æрдзон уыди Къостайæн, мады гуыбынæй рахæсгæ, фæлтæрд æрцыд царды фæндæгтыл, ноджы рæсугъддæр æмæ бындурондæрæй равдыста йæхи хо- хаг лæджы хорз æгъдау, европæйаг стыр культурæйы æндæвд куы бавзæрста, уæд. Йæ усгуры кары Къос- тайæн йæхи интимон æнкъарæнтæ, суанг ма йæ æнæ- дзуапп уарзондзинад дæр уыцы цæстæнгасæй æнустæм срухс сты, æмæ сæ ныр уынæм йæ поэзийы хуымы рæ- сугъд æмæ æрхæндæг, æнæбаруайгæ дидинджытæй — сæ уынд зæрдæсæттæн нæу, сидынц цардмæ, хурмæ, уды сæрибармæ сæ хъыджы егъау рæсугъддзинады тарфæй, сидынц уæлæнгай удтæм нæ,— тыхджын зæр- дæтæм. Ирон поэзийы уарзондзинады лирикæйы æмдзæвгæ «Хæрзбонæн» æмбал нæй. Кæцыфæндырдыгæй дæр æм бацу — «байсæн» ын нæй, афтæ бæрзонд æмæ æнусон сты йæ дъуппытæ. Къостайæн йæхи ныхæстæй аргъ кæнын бахъуыд ацы æмдзæвгæйæн, зæгъгæ, уæд æп- Пæты тынгДæр сфидауиккой мæнæ ацы рæнхъытæ: «Зæххыл дынт^ал баззад кæнинаг,— дæ мæсыг амайын фæдæ». Ам социалон мотив мынæгдæрæй хъуысы, йæ иннæ æмдзæвгæты куыд хъуысы, уымæй, фæлæ уый- хыгъд адæймаджы зæрдæ ахæм тыхджын æмæ ирдæй æвдыст цæуы йæ алыхуызон арф æмæ вазыгджын æн- дъарæнты, æмæ гæххæттыл фыст æнæдзуапп уарзон- дзннад сси ирон царды ахсджиаг хæзна, историйы иу хай, Леонардо да Винчи кæнæ Рафаэлы кæттагыл сыл- гоймаджы сурæттæ адæмы историйы факттæ куыд сис- АА
ты, афтæ. Ацы ’мдзæвгæйы лæппу æмæ чызджы ахасч- дзннæдтæ вазыгджындæр сты, «Фесæфы» персонажты ахастдзинæдтæй. Ам хъуыддагаразæг сырх дари æмæ сыгъзæрин рон, мыййаг, не сты, зæрдæты æхсæн сæа- зæрд магнитон быдыры хуызæн цыдæр æнтъыснæгдзи- над — йæ равзæрсты аххосæгтæ йын æддæрдыгæй агу- рын нæ хъæуы, фæлæ мидæгæй, уд æмæ зонды. Лирн- кон герой рагæй зоны, йæ уарзондзинадæн дзуапп кæй нæй чызджырдыгæй, уый æмæ сфæнд кодта йæхи ис- кæдæм айсын. Кæдæм? Уый йæхæдæг дæр нæ зоны, зоны æрмæст — йæ фæндаг дард у. Уынæм ын йæ фа- дыварц, раст цыма к&ттагыл нывгонд у, афтæ: «Иф- тонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй. Скодтон уæрдæ- хæй дзыхъхъыннæуæг рон. Ис ма цыдæртæ мæ кæр- цы фæдджитæй...» Хохаг лæг. Мæгуыр: цырыхъхъыты бæсты — æрчъитæ, бæх æмæ ехсы бæсты — лæдзæг, стæй... «Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы’ фæдджитæй». Ау, мæгуыр кæй у, чызг æй уый тыххæй нæ уарзы? Ацы фарстæн мах бæрæг-бæлвырд дзуапп никуы раг- дзыстæм. Сылгоймаджы зæрдæ бамбарыны фæтк нæй: чн зоны æмæ хъæздыг куы уыдаид, уæддæр... Уæвгæ цы ис, уый дзæбæх куы нæ зонæм, уæд ма, цы уыдаид, ууыл цы дзурæм? Æмдзæвгæйы цы уарзондзинад æв- дыепцæуы, уый у æнæкæрон æмæ æнæбын. Уый ссард- та лæппуйы зæрдæйы ахæм бæрзонд, лæг йæхи уды мæт кæм нал фæкæны, йæ уд нывондæн æрхæссынмæ цæттæ куы вæййы. Алкæй зæрдæйы нæй ахæм бæрзонд цъупп. Æмæ уьщы дыууæ хъуыддаджы баст сты, иу иниæпæ гуыры: цас хуыздæр у зæрдæйы хъæд, уыйас йæ уарзондзинад тыхджындæр у, цас тыхджындæр у йæ уарзондзинад, уыйас зæрдæ йæхæдæг тыхджындæр кæны. Æмдзæвгæ «Хæрзбоны» лирикон герой у уæз- дан æмæ хæдæфсарм адæймаг, æмбары чызджы уавæр дæр, йæхи уавæр дæр. Чызджы цæстæнгас ын йæ зæр- |дæйы («Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры...») къуырма мастисыны фæнд нæ сæвзæрын кодта, нæ ар- хайы йæ ферох кæныныл дæр — хорз зоны, уый йæ бон нæ бауыдзæн. Йæ райгуырæн хæхтæй ацæуын ын амæлыны хуызæн кæй у, уый йæхæдæг тынг хорз æм- бары, æмбары йæ чызг дæр («Чи зоны,— искуы куы уайа дæ цæстыл — Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын), фæлÆ уæддæр цæуы, цæуы æнæ уæлдай ракæ-бакæйæ, йæхицæн æппындæр ницы домы, йæхимæ дæр никæй кæсыи кæны, мæнæ куыд тæригъæд дæн, мæнæ мæхи , 4«
мæ уарзты амæттаг куыд кæнын, зæгъгæ. Мах хъусæм хохаг лæгæн йæ мидмонолог. Цыдæриддæр кæны, уый кæны йæ уарзондзинады номыл. Фидарæй*æууæндæм: йæ уарзондзинадыл чысыл къæм абадын дæр нæ ба- уадздзæн. Уый у намыс æмæ æгъдауы лæг. Тыхджын кæй у удыхъæдæй, уый дæр æмдзæвгæйы зыны бæл- вырдæй: цæттæ у йæ зын æмæ тæссаг фæндагмæ. Йæ уарзон дзæбæх æмæ зæрдæхъæлдзæг уæд, æндæр æй ницы хъæуы. Чызджы афтæ тынг уарзы, æм& исчи куы зæгъид, йæ цардыхос дæ мæлæты ис,— мæлæт амон- дыл банымаид. Уый у тыхджын уды миниуæг. Нæ йæ фæнды чызджы истæмæй чысыл дæр батыхсын кæнын. Дард æмæ тæссаг фæндагыл рараст хохаг лæг, фæлæ йын йæхимæ цы зындзинæдтæ æмæ фыдбылызтæ æн- хъæлмæ кæсынц, уымæй нæ тæрсы,— тæрсы чызг, мый- йаг, æнамонд бæлщцоныл куы хъуыды кæна, æмæ йæ цæстыл исты æвзæр нывтæ куы ауайа. Цыдæриддæр ын ис бавзаринаг æнæхатыр хъысмæ- тæй, уый хъуамæ исты хуызы чызджы царды хорзæй баззайа — уыцы карз бæлд ын йæ арф уарзондзинад ныррухс кодта ноджыдæр ма иуырдыгæй, æвдисы йын йæ вазыгджын рантыст. Чи зоны,— искуы æрæфта дæ зæрдыл Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, Чи зоны,—искуы куы уайа дæ цæстыл — Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын,— Ма-иу фæтæрс, чызгай! — Ахæм фыдфынтæ Дардæй дын амонд хæсдзысты уæддаер,— Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ, Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр... Æмдзæвгæ æнæнхъæлæджы фæвæййы, йæ диссаджы рæсугъд базыртæ кæмæн акъуырдтой, ахæм æрхауæг уды мæлæтдзаг уынæргъдæй. Цардмæ ма йæ цы цы- бæл кæна, ахæмæй ницыуал баззад уæлæуыл лирикон геройæн: «Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ,— Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæрон Уый «фæнда- растæй» кæд’ссарин æз йемæ...» Зонгæ-зонын йæ мæ- лæты фæндагыл чи араст, уыцы лæджы зæрдæйыуаг... Ну рухсы цъыртт, иу ныфсы мур уæд та! Нæй. Фæлæ æмдзæвгæйы нæй пессимизм дæр: Къоста цы уарзон- дзинады кой кæны, уый рухс у, рухс у йæ арф сыгъдæг- дзинадæй, нæлгоймаджы уæздандзинадæй, æмæ, æп- 46
пынфæстаг, царды æппæт хъуыддæгтæй тыхджындæр кæй у, уымæй. Ахæм уарзондзинад лæджы цард кæны йæ тарф хъыгæй мидисджындæр, ахадгæдæр, рæсугъд- дæр — денджыз цас арфдæр уа, уыйас сыгъдæгдæр яемæ тыхджындæр у. Ацы æмдзæвгæйы дæр комкоммæ ницы загъд ис чызджы тыххæй. Æлдæрттæй у æви мæгуыртæй? Бæл- вырд у иу хъуыддаг: нæ уарзы лæппуйы («Райсом мæ цæстæнгас ферох кæндзынæ, Ферох кæндзынæ иннæ- бон мæ ном...») Фæлæ нæ уарзын ну хъуыддаг у, лæг- мæ куыдфæндыйы цæстæй кæсын та — æндæр хъуыд- даг. Нæ, куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы чызг лæп- лумæ: Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры, Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын; Зонын—дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры, Хъусын ныр дæр ма пæ сусæг хъæрзын... Цæмæн тæрсы лæппуйы уындæй, йæ цуры цæмæн ризы йæ зæрдæ, цæмæн хъæрзы сусæгæй? Чи ратдзæн дзуапп ацы фарстытæн? Чызг лæппуйы нæ уарзы, фæ- лæ йæм куыдфæндыйы цæстæй дæр нæ кæсы. Чи зо- ны, аргъ ын кæны, куыд хорз адæймагæн, нымайы йæ æмæ йын тæригъæд кæны, йе стыр æнкъарæнæн ын ахæм æнкъарæнæй дзуапп раттын йæ бон кæй нæу, уый тыххæй. Уыны, йæ уарзондзинад куыд тыхджын, куыд арф у æмæ дзы уыйадыл тæрсы. Æвæицæгæн, ацы ран ны- гæд у, се ’хсæн магнитон быдыры хуызæн æнахуыр æнтъыснæгдзинад кæй сæвзæрд, уый аххос. Иу зæрдæ’ цас тынгдæр æлвасы йæхимæ нннæйы, уыйас æй ин- нæ тынгдæр схойы йæхицæн пуварс. Къоста сылгоймагæн стыр аргъ кæй кодта, уый уæл- дай бæрæгдæрæн зыны æмдзæвгæ «Азар»-ы. Райгуы- рæн бæстæ, зæхх, адæм, сæрибар — цыбырдзырдæй, цард æмæ мæлæты тæккæ стырдæр хъуыддæгтыл дзур- гæйæ Къоста йе ’ргом раздæхта сылгоймагмæ. «Ирон фæндыры» ма ис уарзондзинады тем&йыл фыст æм- дзæвгæтæ, фæлæ се ’ппæтыл æрныхас кæныны фадат нæй ацы статьяйы. Къостайы хуызæн Гуырдзыбеты Блашка дæр стыр аргъ кодта сылгоймаджы фарнæн. Ирон поэзийы уарзондзинады лирикæйы налхъуыт- налмастæй иу у «Мæгур уосгор». Ам «Хæрзбон»-ы хи- мæлвасæг зæрдæ æмæ æддæмæссонæг зæрдæйы æнæ- 47
уынгæ æмæ æнæхъуысгæ мæлæтдзаг тох’нæй. Ам бæ- рæг-бæлвырдæй амынд у уарзондзинады сæфты социа- лон аххос. Чызг.æмæ лæппу уарзынц кæрæдзп, æнæ кæрæдзи сын цард ад нæ кæны. Фæлæ уарзтæн дзау- майау æлхæнæн æмæ уæйгæнæн кæм ис, уыцы æхсæ- нады арæх, тынг арæх бындзарæй лыггонд æрцæуынц лæджы нæфæтчиаг æнкъарæнтæ, йæ уæлвонг бæллиц- тæ æмæ фæндæтты имонау уидæгтæ. Уыцы æхсæнадон уæззау трагедийыл фыст у æм- дзæвгæ. Тынг ирд æмæ тыхджынæй æвдыст æрцыд мæгуыр усгуры зæрдæйыуаг, йæ имонау ахаст йæ уар- зонмæ, йæ арф хъынцъым æмæ йе ’нæбон маст. Æм- дзæвгæ схонæн ис химидæг кæуæг нæлгоймаджы мо- нолог. Уый хæрзбон зæгъы. йæ уарзонæн, йæ уарзон- дзинадæн. Йæхи хъысмæтæй тынгдæр тыхсы чызджы хъысмæтыл. Æмбары, а дунейыл ахæм тых нæй, дыу- уæ уарзæг зæрдæйы чи сиу кæна — æгæр æгъатыр æмæ цъаммар у æцæгдзинад. Æмæ йæ уарзонæн бынтондæр йæ зæрдæ цæмæй ма амæла, уый тыххæй йæм цæс- сыгкалгæ хаты: «Мæн истонæ дæ зæрдæй...» Æндæр гæнæн нæй, сразы у, бафидау дæ хъысмæтимæ, де ’ды- лы лæгæн «Радтæ ин дæхе, дæ уарзун, Бацæрунмæ æм- зæрдæй!..» Ацы ныхæстæ усгур йæ уарзон чызгæн йæ- хæдæг кæй дзуры, уый тыхджындæр кæны æмдзæв- гæйы трагикон азæлд: цард бирæ ахæмты аууæрста. Фæлæ цард æууæрдгæ куыд кæны, тых æмæ ныфс дæр афтæ дæтты, марг æм цас ис, уыйас æм ис æвдадзы хос дæр. Гуырдзыбеты Блкшка, реалист, йæ лирикон геройы дарддæры хъысмæт чиныгкæсæгæн фенын код- та царды æцæгдзинадимæ фидар бастæй, раст нывгон-^ дæй: мæгуыр усгур мæлæты кой нæ кæны, фæлæ цар- ды кой. Æмæ уыцы царды кой æнахуыр хуызы срухс кодта ацы уарзондзинады æрхæндæг таурæгъ. Рухс, раст физикон хуызы æнкъарæм — арф психологон си- туацийы йæ тæккæ бынаты æвæрд дзырд «цырагъ» йæ куыст бакодта. Поэты æнæсайд дæсныйад! Фиццаг кæндзæн æрхунæг, Дæ коймæ дин кæудзæнæн, Мæ зæрдæй ба дæ «мæгурæг» Дæ сугъд ниви хондзæнæн. Уой фæсте мæ зæрди тари, ^евæд уогæй дæ бунат, 48
Æндæр уод мæ царди зари Иссодздзæнæй æ цирагъ. Уæдæ ма рæсугъддæр куыд загъдæуа: «Æндæр уод мæ царди зари Иссодздзæнæй æ цирагъ». Гæдиаты Секъайы æмдзæвгæ «Уарзоны» хорз зарæ- джы хъырнджыты хъæлæстау аивæй азæлынц адæ- мон мотивтæ. Секъа ацы æмдзæвгæ нæ бæтты исты социалон фар- статыл, кæны æрмæст интимон æнкъарæнты кой, ных- къуырд чи нæма зоны, уьщы сыгъдæг, йæ нысанмæ фидарæй цæуæг æнкъарæн æвзонг уды куыд рантыст, афтæмæй йæ æвдисы — хуымæтæг, æууæнкджын, æнæ- хин. Секъа уарзæг лæппуйы цæстæй уыны чызджы: Урсдæллагхъуыр, фæлмæнриу, Нарæгастæу, гуырвидауц: Æвзагæй дæ зараг цъиу, Хъазты чырæн сæ фидауц... Йæ уарзон чызгмæ исты чысыл аипп дæр кæд чи ссардта? Суанг ма хуры чызг дæр йæ цуры свæййы фауинаг. Хетæгкаты Дауыт уарзондзинады темæ йе сфæлды- стады райхæлдта йæхирдыгонау. Уымæн æвдисæн у æмдзæвгæ «Сурæт». Ай-гъай, зыны йыл уырыссаг сим- волистты, чи зоны, комкоммæ æрыгон Блокы сфæлды- стады тæваг, фæлæ йæ уый цымыдисагдæр цы кæны,\ æндæр ын къаддæр нæ кæны йæ ахадындзинад. Арф- хъуыдыджын, вазыгджын у йæ мидис. Рæсугъддзинады æнусон сурæт цæуы фæлтæрæй-фæлтæрмæ, "хизы иу удæй иннæмæ æмæ афтæмæй хайджын кæны адæйма- джы канд абоны бонæй нæ, фæлæ, раджы чи апвгъуыд- та, уыцы замантæй дæр. Æз афтæ æмбарын æмдзæв- гæйы хъуыды. Ис ын æндæр хуызы райхалæн дæр. Фæ- лæ/чи зоны, уый сæйраг нæу. Автор арф кæй хъуыды кæны, рæсугъддзинады сурæт афтæ тынг кæй æнкъа- ры, уацмысы хорздзинад уым ис. Иæ сюжет цыбырæй ахæм у: иу ныв æнцой нæ уадзы лирикон геройы, зæр- дæйы смидæг вæййы, йемæ цæуы, райы, сæйы. Уыцы сурæт сси йæ мидцарды рæбинаг цæджындз, йæ уды мидис. Цы у уыцы ныв, кæй сурæт? Афтæ мæм дардæй кæцæйдæр- дзырдæуы: «Федтай ма, федтай йæ раджы кæддæр!» 4В'
Сонтау уæддæр æм мæ оæрдæ нæ лæууы, ’’ Абон æй агуры ноджы фыддæр. * Адæймаг æнусты агуры уарзондзинад æмæ рæсугъд- дзинад, æнæ уыдон ын цард нæй. Малиты Георгийæн йæ уарзондзинады лирикæ («Зар», «Гурусхæ», «Æлхуйнæ», «Кизги зар», «Кæсалг- дзау кизгæ», «Дзуле», «Скъæвди гъарæнгæ») схонæн ис хохаг уарзондзинады хицæн дуне, кæм æнæмбæрст, кæм хуымæтæг, хъæбæр кæрдзыны хуызæн, йæхи сæр- магонд ныхмæлæуддзинæдтæ æмæ философиимæ, куы дзы рæсугъддзинад æмæ фидыц хицауиуæг кæньтнц, куы тых. Лирикон герой куы хъæлдзæгæй фæсномыг ныхæстæй райхалы йæ фæндтæ, куы дзуры йе стыр бæллнцтæ æмæ уыцы иу рæстæг йæхиуыл дæр апуап кæны («Зар»); куы фæлвары уды тæккæ æрфытæм йæ уарзон чызджы æргом раздахыныл, цæмæй адæйма- джы вазыгджын скондыл дисæй ноджы тынгдæр ныр- рухс уа уарзондзинад æмæ фена: Мæн зæрди дæр ес бурдæнтæ, • Мæн зæрдæ дæр денгиз æй, Денгизау е дæр, æууæндæ, Налхъут-налтæй гъæздуг æн. («Кæсалгдзау кизггэ») Куы та уарзондзинадыл æууæнк бынтондæр ахуыссы: «Уæлæ стъалутæ зæгъунцæ, уарзт мед адæм мæнгæ ке’й...» («Гурусхæ»), куы æнæзонгæ барæджы цæстыты ферттывдæй уадзыгау чи фæци æмæ нырма йæ чемы чи нæма ’рцыд, уыцы чызджы уынæм уæлхæдзар, йе ’лхуый йæ коммæ дзæбæх нал кæсы, афтæмæй («Æл- хуйнæ»); хъæрццыгъа йæ дзæмбыты бæлоны лæппы- кы куыд фæхæссы, афтæ фæхæссы тых, йæ сæрыл сдзурæг кæмæн нæй, уыцы саби-чызджы («Скъæвди гъарæнгæ»). Æхсæвæй-бонæй йæ мæсыгæй фæлгæсы Дзуле, фæлæ кæмæ æнхъæлмæ кæсы, уый — йæ уар- зон, йæ бæгъатыр лæг нал фæзындзæн: Нур цъæх нæубæл уæлгоммæ Йе мед арæхъ ку лæууй, Фидмондагæй æ комкоммæ Хой æ сæргъи ку зелуй.. («Дзуле») Багъæраты Созыры сфæлдыстады уарзондзинады .лирикæ йæ мидисæй дæр,' йæ бæрцæй дæр тынг нæ 50
ахады. Поэт цыма уарзондзинады хъуыддæгтæм иу-. варсæй кæсы; уыны, сывæллон чызджы ирæдыл куыд уæй кæнынц, уый, æмæ йæ зæрдæ риссц, хъусы, йæ лæг кæмæн фесæфт, уыцы æрыгон идæдз усы хъарæг, Фæлæ йæм ис иу цымыдисаг æмдзæвгæ — «Уосгорти зар». Лирикон герой не скодта йæхи уарзондзинады кой, афтæмæй йын цыдæр хуызы æмбарæм йе стыр æнкъарæн. Уый у поэты дæсныйады сусæгдзинæдтæй иу. Лирикон герой дзуры йе ’мгæртты тыххæй, æмæ. алы рæнхъы фæстæ дæр рефренæй цæуы арф ныуулæф- ты хуызæн йæхи хуылфмæ арæзт ныхас: «Уой, мæгур мæ бон, уоми ку фæццайнæ...» Ацы рефрен нын æппын- æдзух нæ зæрдыл дарын кæны лирикон геройы, тых- джынæй-тыхджындæр кæны рæнхъæй-рæнхъмæ музы- калон уаощысы лейтмотивау æмæ афтæмæй æвдисы уарзæг адæймаджы зæрдæйыуаг. Цы нын баззад Æрнигон Иласæй уарзондзинады лирикæйы? Дыууæ æмдзæвгæйы: «Чызгай» æмæ «Ра- уай-рацу». Дыккаг æмдзæвгæйы сæргонды бынмæ къæ-. лæтты фыст: «Туаллаг зарæг». Ацы уацмысты нæй Иласы сфæлдыстады характерон æрхæндæг, иунæджы темæ. Лирикон геройы ныртæккæ дунейы иннæ хъуыд- дæгтæм ницы хъуыддаг ис, уынгæ дæр сæ нæ кæны, хатгæ дæр, йæ зæрдæ æнæхъæнæй æмæ йæ хъуыдытæ се ’ппæт сты йæ уарзон чызгимæ. Чызг æм æргомæй ^ нæ дзуры («Нæ лæууы мæ раз»), фæлæ уымæй йæ ныфс нæ сæтты, уымæн æмæ: «Æрмæст мæ нæ суры йæ судзаг æнгас». Æмдзæвгæ «Рауай-рацу», зæгъгæ, уым лирикон ’герой хохаг этикеты ныхмæ æргом зæ- гъын бауæндыд йæ зæрдæйы арф æмбæхст бæллиц: «Акæнид йæ хъæбысы Сау лæппу чызгайы...» «Сау лæппуйæн аизæр Ма фæтæрс йæ пъатæй...» Мæнмæ гæсгæ, ирон уарзондзинады лирикæйы ацы «пъа» уыди фыццаг. Кæд раст нæ зæгъын, уæд мын мæ рæдыд нæ литературæйы историктæ сраст кæндзысты. Уыцы «фыццаг» «хъæбыс» æмæ «пъа»-йы фæстæ буар йæхи- цæн дæр æмæ йæ мондæгтæн дæр сабыргай, фæлæ барджынæй бынат агурын райдыдта ирон поэзийы. Поэттæ бауарзтой æхсæв... Токаты Алиханы сфæлдыстад уыди ног æмæ тых- джын фæзынд ирон литературæйы. Уый бæлвырдæй равдыста: сау мæры рæзæг халы мыггæгты билцъыты хуызæн ирон поэтикон дзырд йæ хуылфы æмбæхсы æнæнымæц гæнæнтæ. Фадат сын р^тт — тыхджын æв- 51
зартæ ныггуыпп ласдзысты раст цырын арты æвзæг- тау. Хъодзаты Æхсар поэты уацмыстæ æрæмбырд код- та ногæй, разныхас æмæ сын комментаритæ-ныффыста, афтæмæй сæ хицæн чиныгæй рауагъта 1973 азы. Чи- пыгаразæг лæмбынæг равзæрста Алиханы вазыгджын •сфæлдыстад, федта йын йæ гуырæнтæ, йæ апп, басгæр- ста йын йæ уидæгтæ. Æхсары фæллæйттæ фæахъаз сты стыр хъуыддагæн: хуыцауы рæстæй йæ хъысмæт аууоны уал- азы кæй фæдардта, уыцы стыр поэтмæ йе ’ргом тынгдæр раз- дæхта ирон чиныгкæсæг. «Токаты Алиханмæ — фыссы йæ разныхасы чиныгаразæг,— символнстты уацмысты тæваг кæй фæхæццæ, уый руаджы йæ поэзи фæхъæз- дыгдæр фæлгонцтæй, ирон æмдзæвгæ рахызтн национ традпцийы арæнтæй, фæуæрæхдæр сты пæ авналæн- тæ. Поэт йæ хъус тынг дардта æмдзæвгæты музыка- лон арæзтмæ, парахатæй пайда кæны аллптерацитæй, рптм фæалыхуызондæр, рифмæ фæногдар. Ирон дзырд тынгдæр сахадыдта». Ацы ныхæстæ иуцасдæр æххуыс кæнынц, Алихан уарзондзинадыл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонмæ дæр «дæгъæл» ссарынæн. Æхсар символистты тæва- джы кой кæнгæйæ йе ’ргом тынгдæр здахы формæмæ. Ай-гъай, символизм аивадон формæйы структурон элементты ахадындзинад кодта уæрæхдæр, бæрзонд- дæр, ивта метафорæтæ, ассоциацитæ, рифмæ æмæ ритмикæйы характер. Фæлæ йæ хуыздæр фæзынды — Верлены, Рембойы кæнæ Блокы аивады — уымæн.йæ сæйраг нысан уыди сæнттæ æмæ интуицийы дунемæ ныккæсын, уды æрфытæ басгарын, дæлзонды (подсоз- нание) хъомысæй поэтикон хотых скæнын. Символиз- мы ацы æууæлтæ ирон дарæсы мах уынæм Алиханы æмдзæвгæтæй бирæты. Инстинкт, фын, интуици — ацы авналæнтæ ист сты символизмы арсеналæй (фæстæдæр сæ сюрреализм йæхи бакодта, рынчын æмæ сæ хæлд æнкъарæнтыл сæнхъизын кодта, афтæмæй), ирон поэт дзы пайда кæны уæндонæй, фæлæ сæнттæцæгъдыны, абсурды дунемæ куыддæр фæцæйхæццæ кæны, афтæ æрлæууы, раздæхы адæмон поэзнйы æмæ классикон литературæйы сыгъдæг гуырæнтæм тых æмæ уæлмон- цагур. Уый дæтты Алиханы сфæлдыстадæн ирон лите- ратурæйы хнцæн хуыз. Æмæ ацы хъуыддаг, æнæмæнг, дарын хъæуы, ныхас йæ уарзондзннадыл фыст æм- дзæвгæтыл куы цæуа, уæддæр. Хæрз цыбыр æмдзæвгæ 52
«Фыццаг фæкасты уарзт» у символты хуымæтæджы ранымады хуызæн. Æрхæсдзынæн æй æнæхъæнæй: Фыццаг фæкасты уарзт — Æнæтæригъæд маст, Лыстæгмур хуры тын, Дзæнæты царды фын, Æнæ дуар æхгæд, Æнæ фæд-фæды фæд, Тыхджын арйы гæрах, Æнæхуысгæ цырагъ, Æнæмæлгæ мæлæт, Зæрдæуынгæ дзæнæт. Хуымæтæг ранымад? О, фæлæ цы нымаиы, уыцы лредметтæ æмæ фæзындтæ (уарзт, маст, тын, фын, дуар, фæд, гæрах, цырагъ, мæлæт, дзæнæт) хуымæтæг нал сты, сæ реалон хуыз æфсæйнаджы згæйау асыгъд лоэты сæнттæ æмæ æнкъарæнты куырдадзы, æмæ сырх- зынгæй разынд сæ ныхмæлæуддзинæдтæй конд апп дзырдты æнахуыр дзыгуырты. Уыцы дзыгуыртæ сты абстрактон хъуыдыйы дидинджытæ, уæды ирон лæг сыл ахуыр нæма уыди, æцæгæлон ын уыдысты, нæ сæ райста йæ зæрдæмæ. Алиханы сфæлдыстад иуцасдæр фæсфæд цэемæн аззад, ууыл дзургæйæ, æвæццæгæн, рох кæнын нæ хъэеуы ацы хъуыддаг дæр. Фæлæ нæ ныхас дарддæр кæнæм æмдзæвгæйы тыххæй. Ам цыма- æгæр разæнгардæй кусы поэтикон интуици, афтæ мæм кæсы. Абсурд йæ сæр сдар-сдар кæны йе ’мбæхсæнæй, гæппæввонгæй бады, уæдæ гæпп дæр скæны: «Æнæ дуар æхгæд, Æнæ фæд — фæды фæд...» Фæлæ йын нæ бантысы бæстæ бынтон сызмæнтын, реалистон фæл- гонцтæ йæ сæ цыфыддæр знагау сæ быны аууæрдынц: «Тыхджын’арвы гæрах, Æнæхуысгæ цырагъ». Цы у «Æнæ дуар æхгæд»? «Зæрдæ уынгæ дзæнæт»? Ацы дзырдбæстытæн бамбарæн нæй, ис сын æрмæст бан- къарæн интуитивон æгъдауæй. Банкъарæн та ^ын ис хицæнтæй райсгæйæ нæ, фæлæ æмдзæвгæ æнæхъæнæй бакæсгæйæ. Уарзон’дзинад, растдæр зæ^ъгæйæ та— фыццаг фæкасты уарзт цы у, уый йæхирдыгонау загъта Алихан. Тынг мæ фæнды ацы цыбыр æмдзæвгæ ар- Еæрттывдимæ абарын. Арвæрттывд æхсæвы тары къæ- дзæхты тигътæ, кæмттæ куыд фæрухс кæны, афтæ ацы æмдзæвгæ дæр цæстыныкъуылды бæрц фæрухс кодта уарзондзннады тарф сусæгдзинад — цæст дзы цы ацах- 53
ста, уый джиппæвæрдау дзæвгар рæстæг нæ зæрдæйыл баззайы. Æвæццæгæн, авторæн йæхицæн дæр, уарзон- дзинадыл, «фьщцаг фæкасты уарзтыл» "хъуыдыгæн- гæйæ йæ цæстыл уади арвæрттывд. Æндæр кæцæй фæ- зынд «Тыхджын арвы гæрах»? Иæ иннæ æмдзæвгæ та хонгæ дæр «Арвы цæф», зæгъгæ, скодта. «Арв ныц- цавта тулдз бæласы, арв. Ахызт цæф, йæ цъуппæй уи- дæгтæм уый ахызт». «Цæф» æмæ «арвæрттывд» ам иу сты. «Уæ, æвиппайды æнæ ныхасæй уарзт.Афтæ зæр- дæ ды æвиппапды ныццæвыс...» Æмдзæвгæтæ «Бауарзтой, бауарзтой...» æмæ «Уад» стытрагикон уарзондзинадыл фыст. Чи зоны, уарзон- дзинадæн йæхиуыл уыйас нæ — йæ пырхæнтыл, йæ .тугвæдтыл, йæ фæстиуджытыл. Лæппу æмæ чызг ба- уарзтой кæрæдзи. Фæлæ лæппу уыди чызджы мыгга- джы хæрæфырт. Ирон адæм абоны онг дæр хатыр куы нæ зонынц, тугхæстæг дыууæ адæймаджы интимон ахастдзинæдтæн, уæд уыцы рæстæг хохы сæ уарзон- дзинад æгъатыр фæтчы сæрты кæрæдзимæ кæй фæкæ- сын кодта, уыдонмæ иы ’нхъæлмæ каст, худинаг, се ’намонддзинад æмæ мæлæты йедтæмæ? Æнахуыр, тæо- саг æмæ хъизæмайраг фыдфыны хуызæн уавæр сныв кодта Алихан йæ æмдзæвгæ «Уад»-ы. Уад сыстад, ха- ста бæстæ, хæдзæрттæ калдысты, фалгæрон кодта, йæ фæндагыл цыдæриддæр уыди, уый, куыйтæ ниудтой, адæм лыгъдысты лæгæттæм. Иу æмгар мемæ лыгъди, Иумæ лæгъдыстæм нæ хохмæ. Хæдзар кæронæй сыгъди, Батахти æмгар йæ тохмæ. Арты ысмидæг, рахаста йæ уарзоны, батæ йын ’кæ- ны/афтæмæй сæ арт хæры. Уад куы банцад, уæд «Мар- дæй ыссардтой кæмдæр Уарзæтты багонд хъæбысæй». Æз загътон гипотезæ, ирон уарзондзинады лирикæйы фыццаг «пъа» Æрнигоны æмдзæвгæйы фæзынд, зæгъ- гæ. Чи зоны, æмæ ацы æмдзæвгæ раздæр фыст æрцыд Иласы «Рауай-рацу»-йæ, сæ дыууæйæн дæр сæ «рай- гуырæн бон» бæрæг нæу. Фæлæ Алиханы «ба» æмæ Æрнигоны «пъа»-йы æхсæн ис принципиалон хъау- джыдзинад. Иу («ба») трагикон мидисæй дзаг, æвди- сы уарзт мæлæг удæн дæр цы тых дæтты, уый; иннæ («пъа») цæуы царды тыхтæй дзаг æвзонг буары мон- цæй. Уымæ гæсгæ нымайæн ис: Алихан буары мондæг- 54
ты кой никуы скодта. Уыцы хъуыддаджы уæдæ фыц- цаг зæрватыккæй уарзондзинады лирикæмæ æртахт Илас Æрнигоны æмдзæвгæ «Рауай-рацу». Формæйы аивæй Алиханы иннæ æмдзæвгæты æхсæн бæрæг дары «Сылгоймаг». Ам карз ныхлæуддзинæдты бындурыл æппæрццæг миниуджытæй нывæнды автор сылгойма- джы сурæт. Цæйтимæ йæ бары, уыдон хуымæтæджы ранымадæй дæр нæ сæрыхъуын арц слæудзæн. Фæ- лæ «... Кæй уæ нæ хъæуы?!» Ацы фарст-хъæрæй ав тор скарста йæ тæрхон: йæ бирæ тæригъæдтæ, фыдбы- лызтæ, хинтæ-кæлæнтæ барст цæуынц сылгоймагæл уарзт æмæ царды номæй. Алиханы уарзондзинады æмдзæвгæты цæры зын æмæ трагеди. Цыма уый йæхи уарзондзинад у? Æмæ уæд кæцæй цæуы йæ хъизæмар? Уарзондзинадæн йæхи уыйас нæ уынæм, уынæм ын йæ хъизæмар фантасти- кон фæлгонцты, æнахуыр фынæнгæс нывты, тæссаг уа- вæрты. Æви формæйæн уыйас хъалон фыста? Уарзондзинады (лирикæйыл дзургæйæ æрымысын æмбæлы Барахъты Гинойы ном дæр. Иæ чиныг «Уæл- ладжыры кадæг»-æн Джыккайты Шамил цы разны- хас ныффыста, уым загъд ис: «Поэты сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы зарæг. «Чызгайы зарæг», «Ус æмæ лæг», «Чызг æмæ лæппу» — уыдонæн сæ уидæгтæ цæ- уын|ц ирон фольклорæй, ис сæ адæмы цыргъзонд, хъæл- дзæг юмор æмæ зæрдæбын лиризмы атмосферæ. Гино сыл бакуыста, фæаивдæр сын кодта сæ конд, фæарф- дæр сæ мидис». Уарзондзинады тыххæй æмдзæвгæтæ чысыл нæй Ни- гермæ. Сæ фылдæры сæрмæ лæууынц Ноэты зонгæты мыггæгты æмæ нæмтты раззаг дамгъæтæ. Уымæ гæс- гæ фидарæй зæгъæн ис: автор дзуры йæхи сæрмагонд -æнкъарæнтыл. Ацы хъуыддаг ноджыдæр ма иу хатт тыхджын æмæ бæлвырдæй æвдисы Нигеры стыр кур- диаты сæйраг миниуджытæй иу: уд йæхæдæг цы нæ бавзæрста, зонд цы нæ сæнкъуысын кодта, ууыл дзæ- гъæлы йæ хъару нæ хардз кæны, æвæсмонæй, æнæфæ- стæмæ фæкæсгæйæ йæ иувæрсты ахизы." Поэт уарзондзинадыл кæм дзуры, уыцы æмдзæвгæтæ «Ис-ты Ф.», «Тæхуды», «Б-мæ», «Н-мæ», «Ма мын тæрс!» æмæ иннæтæ сæ фæлгонцтæй, сæ зарынмæтыр- нæг интонацитæ æмæ бæрцбарæнтæй хæстæг лæууынц адæмон поэзимæ. Уымæй сæ интимон æнкъарæнты тых нæ фæкъаддæр, лирикон геройы «æз» нæ бамынæг. 55
Мæнæ æрыгон лæппуйæ (иыдис ыл 18 азы) кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæ «Ис-ты Ф.». Фыццаг уарз- ты сæнттæ, тыхджын бæллицтæ. Лирикон^герой хох- мæ йæ уарзонæн дардæй æрвиты салам ^ымгæйæ хоны йæ «хохæй дидинæг», «зæрватыкк», «бæлон», «нал- хъуыт». Фæлæ ацы буп нæмттæн сæ апп, сæ тæмæн æххæстæй нæ зыны, ныллæгзылд цырæгътау кæнынц æнкъард рухс. Цæмæн, цымæ? Уымæн æмæ автор ацы æрттивгæ абарæнты фарсмæ æвæры сау ахорæнтæ. Ам кусы поэты интуици: сау ахорæтæ цас мынæг кæ- нынц рухсы тæппытæ, уыйас сæхæдæг ирддæр кæнынц уыдон тæмæнæй. Ацы контрастты хохы бæлвырдæй разыны авторы зæрдæйыуаг. Уарзондзинад æмæ хъынцъым дыууæ фæззон хойау æнæфæхицæнгæнгæ сты, кæй кой кæнæм, уыцьг æмдзæвгæты. «Хоха:й ди- динæг» æмæ «æнкъард хуыз», «зæрватыкк» æмæ «сау сис», «налхъуыт» æмæ «тар цæст»... Цæй фæзын-ма мæм Хохæй зæрватыкк, Ды мæ цæстысыг Асæрф сау сисæй. («Ис-ты Ф.») Æрхъуыды кæнæм Къостайы ныхæстæ зæрватыччы тыххæй: «...Æнæ хъыг, Æнæ маст цæрæг!» «Нæ уал- дзæг кæнæг!» Нигерæн дæр ацы адæмуарзон маргъ у уалдзæг, цин, сæрибары символ, æмдзæвгæ дæр ыл ныффыста («Зæрватыкк»), хоны йæ «тыхдæттæг», йæ зарæгмæ йын куы фæхъусы, «Уæд уæлахиз кæны тохы». ’Кæй кой кæнæм, уыцы æмдзæвгæйы дæр зæрватыкк зæрватыкк у, фæлæ ам йæ коймæ нæ хъуыдыйы цьг февзæры, уый уæлæ ма нын поэт æвиппайды нæ зæр-, дыл æрлæууын кодта, йæ систæ сау кæй сты: «Ды мæ цæстысыг Асæрф сау сисæй». Уæдæ афтæ: зæрватык- кæн йæ цардуарзынгæнæг миниуджытимæ сиу сты сау систæ. Сау сис сау хъыг кæй у, уый ноджы бæрæгдæ- рæй æвдисы дзырд «цæссыг». Кæцæй цæуы хъыг? Цæмæн у æнкъард лирикон ге- рой йæхæдæг дæр, йæ уарзон дæр? Ацы фарсты ных- мæ æвæрын æндæр фарст: Уыди ахæм зæрдæ, йе ’ппæт сусæгдзинæдтæ кæмæн рахъæр сты? Ацы поэзи цъг зæрдæйæ цыди, уый æххæстæй бамб’ардзыстæм, зæгъ- гæ, нæхи цæмæн сайæм? Зæгъæм, æмдзæвтæ «Н»-мæ„ 56
зæгъгæ, уым дæсны фæрсæджы æгъатыр ныхæстæй ныз кæны чызджы фидæн: «Аурс уыдзысты дæ дыууæ сырх русы: Уазалæй дур дæр сæтты!» «Арвы талынг дæм æр- витдзæни сау фын...» «Фæндыры хъæрыл фæтых уы- дзæн хъарæг»... Æвирхъау нывтæ! Цы ’гъдауæй сæ федта æрцæуинаг бонты поэт? Æви сын сæ тæссаг билцъытæ царды фед- та? Иннæтæ сæ нæ уыдтой, уый сæ федта. Фæлæ кæм, цы хуызы, цы нысæнтты? Æви зонынджын уыди? Куыд рауад Н-йы дарддæры хъысмæт? Поэты цард æмæ сфæлдыстад иттæг хорз зонæг Гуытъиаты Хъазы- бег куыд зæгъы, афтæмæй æмдзæвгæ фыст у Гуыбатч Дрисы чызг Надяйы номыл. Æрцыдысты йыл цымæ поэты ныхæстæ? Нигеры сфæлдыстад лæмбынæгдæр чи ’взара, уый дзуапп дæтдзæн ацы фарстатæн. Æз та ма иу хатт зæгъын: арæх, тынг арæх йе ’мдзæвгæты уарзондзинадимæ æмдзу кæнынц арф хъыг, катай, фыдбылызы стъæлфæн. ( Фæлæ фæсивæды тыххæй фыссы, зæгъгæ, уæд бын- тон æндæр ахорæнтæ ссары поэт. Уымæн æвдисæн сты «Чызджы зарæг» æмæ «Лæппуйы зарæг». Адон фыст сты — сæ нæмттæ сæ уæлæ — зарджытæн, æвдисынц уæды рæстæджы хъæлдзæг фæсивæдй зæрдæйы ахаст, Дзуапп дæттынц сæрибар дуджы цырын змæлдæн.
ТТТ ТТ? 1[ \'\ I Тй ь у^ I -I л Ш’ 111^1 й’Га’ ИТ 1ГТ1Г2 П ТП 'ШЛ т "№ П 2 Т8НЙ ЧП Ш ДЖЫККАЙТЫ ШАМИЛ СТЫР ФУРДÆН — СТЫР УЫЛÆН Алы фыссæг дæр йæ нывыконд йæхæдæг сфæлдисьг. Уый свæййы æнусон: нæй йын ивæн нæдæр æппæлы- нæй, нæдæр фауынæй. Плиты Грисæн ис амондджын сфæлдыстадон хъысмæт. Р1æ уацмыстæй бирæтæ сыс- ты æцæг адæмон,— уый бæллиццаг курдиаты нысан у. «Испайнаг æхсæв» æмæ «Легендæ», «Салдат» æмæ «Хæцæны», «Æртхутæгдон» æмæ «Авд цухъайы»... Адæм сæ исынц дзыхæй-дзыхмæ. Грисы курдиат парахат у, уæрæх сты йæ авналæн- тæ, дардыл — йæ фæлгæсæнтæ, уымæ гæсгæ у ныфс- хаст æмæ хъомысджын. Стыр фурдæн — стыр уылæн. Грис цардæй исы æппæты зынгæдæр цаутæ, ахсджи- агдæр темæтæ, дзуры ахъаззаг проблемæтыл. Ие сфæл- дыстады нывæфтыд цæуынц нæ историйы ирддæр фæ- зындтæ, нæ адæмы зонд æмæ намысы бæлвырддæр æвдисæнтæ. Сослан, Чермен, Къоста, революцийы ра- замонджытæ, Фыдыбæстæйы Сшр хæсты хъæбатыр- тæ — уыдон сты, ирон адæмы хæстон намыс, сæ кур- диат æмæ сæ зонд æппæты хуыздæр кæй удыхъæды зынынц, уыцы историон архайджытæ. Сæ фæлгонцтæ сыстынц Грисы уацмыстæй, поэт сæ срухс кодта йæ дзырды хъомысæй, скодта сæ йæ дзырды фарнæй цар- дæгас æмæ æнусон. Кæй зæгъын æй хъæуы, цыфæнды стыр темæйæн дæр ис ницæйаг скæнæн, цыфæнды чысыл темæйæн га ахъаззаг скæнæн. Бæрнон темæйы бирæ æфсарм ис. Грис арф æнкъары уыцы хъуыддаг, уыйадыл бæрнон æмæ ныфсджынæй хæссы йæ уаргъ, уый руаджы сæри- бар у царды лыстæг хъуыддæгтæй, рæстæгмæ чи у„ ахæм талф-тулф куыстытæй. Иæ уацмыстæ дæр бын- дурон уый фæстиуæгæн сты,—уыимæ (хъауджыдæр нæу: æмдзæвгæ у æви балладæ, æви драмæ,—се ’ппæ- ты дæр поэты бон у монументалон скæнын. Ирон литературæйы зынгæ фæзынд у Плиты Грисы 58
ног чнныг «Драмæтæ» (чиныгуадзæн «Ир», 1983). Ис дзы дыууæ уацмысы: «Сослан Цæразон» æмæ «Æнæ- сæттон». Дыууæ дæр сты историон. Фæлæ Грис исто- рифыссæг нæу, уый у нывгæнæг, нæ рæстæджы поэт. Уымæн историон рæстдзинад у цард-зонæн, фидæнмæ фæндагамонæг, идейон æмæ хъомыладон ахъаззаг фæ- рæз. Англисаг историк Бокль раст бафиппайдта: «Всег- да будет существовать связь между тем, как люди смотрят на прошлае, и тем, как они воспринимают на- стоящее». Бæрзонд аивад, йе ’рмæг рагон у æви ны- рыккон, уæддæр дзуапп дæтты йæ рæстæджы фарсты- тæн, уыимæ зæронд нæ кæны æмæ ахады æппæт фæл- тæрты царды дæр. Уыцы бæллиццаг миниуæгæй хай- джын у Грисы сфæлдыстад. «Сослан Цæразон» у драмон дилоги. Ис дзы цалдæр сюжетон хаххы, фæлæ уыдон, хицæн дæттæ фурд куыд ну кæны, афтæ æмбырд кæны уацмысы сюжетон ма- тистраль — Сосланы хъысмæт. Ис дзы бирæ цаутæ, фæлæ уыдон фрашенттæ не сты — уыдон сты иу уæ- рæх нывы ’комттозицион хæйттæ, сты æмбаст, сæ иу æр дзон"~ уагыл^ЁХХæ^’РкæТШ иннæйы ,архайды афтæ дæсны æвæрд цæуынц, æмæ се ’хсæн ис аххос æмæ фæстиуæджы бастдзинад. Афтæмæй уацмысы нывæф- тыд æрцыд бæлвырд историон заман, уынæм дзы XII- æм æнусы æхсæнадон æмæ политикон цард, социалон быцæутæ, удгоймаг æмæ æхсæнады ахастытæ. Грис уыцы заманы истори сахуыр кодта бæстон æмæ йæ равдисынмæ бацыд ифтонгæй, æркаст æм æппæт- вæрсыгæй, раргом ын кодта йæ сæйраг æууæлтæ. Реа- лизмы фæрæзтæй æппæт дæр æвдисы сæ историон æцæг хуызы; уацмысы бындурон у бынæттон колорит: зæхкусджыты ’царды уаг, рагон ирон сахар æмæ йæ цæрджыты æгъдæуттæ, Гуырдзыстоны паддзахы га- луаны фæтк, хæстон лагерь, уæздæтты цуан, алыхуы- зон ритуалтæ — иууылдæр сты бæстон æмæ нывыл, сты архайды мидæг æмæ аразынц бæлвырд эпикон æмæ трагедион атмосферæ. Уацмыс у мидисджын, йæ хъуыдытæ — арф æмæ па- рахат. Ам фадат нæй уыдоныл бæстон дзурынæн, уац- мысы æппæт миниуджытæ лæмбынæг равзарынæн. Уы- мæн сæрмагонд зонадон-иртасæн__куыст бякæнын хъæ- уид. Зæгъдзынæн æрмæст хицæн иумæйаг фиппаинæг- тæ. Афтæ мæмкæсы, æмæ нæ литературæйы Сосланы 59
фæлгонцæй вазыгджындæр нæма уыд. Шота Руставе- ли Сосланы хуыдта гуырдзыйы хуыцау, Гæдиаты Се- къа та — «кæйдæр хуымы — цыргъ æхсырф». Уыцы хабар зыны’ Грисы драмæйы. Фæлæ йæм драматург кæсы алырдыгæй. Æвæры йæ алы уавæрты, фæлвары йæ æндæр æмæ æндæр хъуыддæгты. Иæ хъуыдытæ, йе ’нкъарæнтæ сты иугæндзон змæлды, кæнынц æнæнцой уылæнтау ранхъæвз-банхъæвз, æмæ сæ фенæм куы се стахты бæрзæнды, куы се ’рхауды ныллæд^ы, алыхуы- зон ивæнты, афтæмæй уынæм вазыгджын удыхъæды æнæбын миниуджытæ. Геройы характер нын раргом вæййы драмон аивады æппæт мадзæлттæй: архайды, йæхи монологты, йæ фарс чи у æмæ йæ ныхмæ чи лæу- уы, уыдоны аргъгæнæн ныхæсты. Уынæм æй алы хуыз- ты, алы уавæрты: куы Меджнунау цæры вдтыры, куы хохаг лæппуйы хуызы ивылд фурды леик кæны Тама- ры уарийы фæдыл, куы хотыхдары хуызы фæзыны пад- дзахы галуаны, куы вæййы паддзахады æфсады сæр- гъы, куы та йæ райгуырæн «хъæуы» адæмы ’хсæн, куы паддзахиуæг кæны, куы та ахæстоны бады... Сослан у ахуыргонд адæймаг — хъуамæ ахæм уыдаид хæстон фæтæг. Уый у хæстон гени, дæсны политик, хъæбатыр æмæ фидар аДæймаг. Сослан ис вазыгджын æхсæнадон уавæрты. Нæй йын царды бæлвырд бынат. Гуырдзыйы паддзах Георги- йæн зæгъы: «Хъæбулау мæ фæхъомыл кодтай ды. Дæ бæстæ сси фыдыбæстæ мæ удæн». Уый рæсугъд хъуы- ды у, фæлæ йын нæй фидар бындур. Сослан уый æн- къары æмæ æдзух ис гуырысхо æмæ сагъæсы: Æз ирæй нал дæн, гуырдзы та сæхимæ Нæ райстой мæн... Æз се ’хсæн сабыр дзедзырой кæнын. Дзедзыройæ раст зæгъы, фæлæ йæ «хъеллау» са- быр нæ уыд. Паддзахы галуан ыл кодта фыдвæндтæ, хъоды, ахæстоцы йæ дардта, фæлæ-иу йæ хъару куы бахъуыди, уæд ын йæ фæндаг кады нысæнттæй æмæ козбау ныхæстæй астæрдтой. Ир дзы сæрыстыр уыды- сты, фæлæ йæ уыдон дæр фæстагмæ æлгъысты хай фæкодтой. Цымыдисаг у йæ царды кæрон: цæрдудæй мард, æнæбон, æвæгæсæг — фæцæуы тармæ, историньг тармæ. Ам стыр хъуыды ис. Сослан, хуыцау æй хуыд- той æви хъæддаг, уæддæр уыди лæггадгæнæг æцæгæ- лон паддзæхтæн. Иры йæ фæдыл кодта йæхи сæрап- 60
понд, адард йæ адæмæй, æмæ уый мидæг ис йæ траге- ди. Сослан—пыргъзонд, йе взаг — кæрдаг. Фæлæ фæстаг хатт Дедахъæуы йæ фæдыл хæстмæ куы кæны, уæд ын адæм æмбарынц йæ нысан, нал кæсынц йæ коммæ, сайгаё сæ кæны, æмæ йе ’взаг нал кæрды — иу- нæг нывыл æм бауырнинаг æвдисæн не ’рхаста йæ ны- хæсты æцæгдзинадæн. Др’аматургæн бантыст æххæст фæлгонц саразын. Сослан цардæгас адæймаг у. Йæ ирддæр миниуæг у иæ тыхджын уарзондзинад, уый йæ сисы бæрзонд, скæ- ны йæ рæсугъд, хъæппæрисджын, фæлæ йæ уый скæ- ны æгъатыр дæр (ахæстоны ахстытæн фыдмитæ). Фæ- лæ Сослан нæ сафы йæ хуыздæр адæймагон æууæлтæ: туркаг фидар исгæйæ басаст мады раз, баурæдта хæст. Æмæ фервæзтысты бирæ адæм. Ирон фæсивæдæн хæс- тон тактикæ амонгæйæ дзуры: Хæцын хъæуы дыууæ хуызы: æгъдауæй Æмæ тыхæй; хæцынц æгъдауæй адæм, Тыхæй та сырдтæ, фæлæ хаттæй-хатт Нæ фæфаг кæны адæймаджы хæст, Æмæ лæджы сырдау хæцьш фæхъæуы. Иттæг вазыгджын сты Сослан æмæ Тамары ахасты- тæ. Чызг зæгъы: «Мæ зæрдæмæ куы ныккæсис, уæд дзы зыбыты иунæг уый ныв фенис». Афтæмæй йæ дон- мæ тæры æмæ йæ æнæ донæй здахы. Цæмæн? Уымæн ис бирæ аххосæгтæ. Паддзахы чызг сæрибар нæу йæ амонд æвзаргæйæ, суанг, йæхæдæг паддзахады сæр куы сси, уæд дæр: «Сæрдарæн, дам, йæхи цард нæй, фæцæры æрмæст йæ паддзахады цардæй». Æмæ йæ хъæуы уавæртæм гæсгæ йæ зæрдæ, йæ фæндиæгтæ пвын. Уыцы уавæртæ карздæр кæнынц чызджы кад- вæлгъау бæллицтæ: «Куы смой кæнон, уæд а хæдзарæп нал дæн, паддзахы худмае нал дардзынæн бар». Уарзт æмæ нысаны быцæуты арфæй-арфдæр кæны Тамары хъысмæты трагизм. Уый азарæй дывыдон кæны Сос- ланы цард дæр. Тызмæг хæстон фæтæг фæтæргай вæй- йы сывæллонау, фæлæ та уарзоны сидтмæ свæййы ком- мæгæс, цумайы лæппу. Лыг кæны бæстæтæ æмæ пад- дзæхты хъысмæттæ, афтæмæй йæхæдæг у хъазæнхъул уарзт æмæ хъысмæтæн. Свæййы куырм æмæ гуымиры («Лæгъстæтæй нæ тасын æз, мæнæй тæригъæд фе- рох»!). Кад æмæ æгад, уарзт æмæ фыдæх фæйнæрдæм 61
’тонынц Сосланы зæрдæ. Галуаны цæрджытæ йын цу- рон митæ куы фæкæнынц, уæд сын у «Цæразон — ро- маг Цезары фæдон», фæсаууон та йæ хонынц хъæддаг, «сæрдзармæй дары къухмæрзæн йæ дзыппы». Ирон адæм сæрыстыр сты Сосланы сгуыхтытæй, фæ- лæ фидиссаг кæнынц ус-паддзахы мойы хъуыддæгтæ. Сослан аразы æппæтдæр йæ уарзты сæраппонд, ар- хайы Гуырдзыстоны сæрибар æмæ намысы сæрвæл- тау. Стыр дурæн — стыр тулæн. Уый хъуыды кæны арф æмæ дардыл, политикон, экономикон æмæ хæстон , хъуыддæгтæ бæтты иумæ, аразь! сæ иу нысанмæ. Фæ- лæ уæддæр ныхкъуырд у галуаны, йæ бардзырд вæй- йы дызæрдыггаг, æвзарынц æй: «Ус-паддзахæй у æви йæ лæгæй?» Ахæм уавæртæм гæсгæ ивынц геройы æн- къарæнтæ, йæ равг, йæ зæрдæйы уаг, уымæй &рф æмæ тыхджын кæны йæ хъысмæты психологизм, уыцы ивæн- тæн ис аххосæгтæ, æмæ сты бæлвырд æмæ уырнинаг. Афтæмæй геройы фæлгонц свæййы æххæст æмæ цар- дæгас. Адæймаджы характеры ис æрдзон миниуджытæ, фæлæ, цы у, уый йæ сæйраджыдæр скæнынц йæ цар- ды уавæртæ. Ахæм эстетикон принципыл рæзынц дра- мæйы æппæт фæлгонцтæ дæр. Уый ирдæй зыны Сос- ланы хъысмæты. Уый нын æвдисы Георги æмæ Тама- ры цардвæндаг дæр. Георги тырныдта Гуырдзыстон баиу кæнынмæ, бæстæ æддагон знæгтæй бахизынмæ. Уый прогрессивон хъуыддаг уыд. Фæлæ йæ нысанмæ цæугæйæ бакодта фыдракæндтæ. Стыр фæдзæхст у *сæргълæууæг æмæ тыхгæнæгæн Георгийы царды кæ- рон, йæ фæстаг хъуыды: Уыныс, паддзах: рызти дæ тæссæй дуне. Сæргуыбырæй лæууыд дæ разы,— ныр Куыд мæ(гуыр дæ дæ тыхсты бон, хæрзиунæг! Паддзах — æмæ — æвæгæсæг!.. Æххæст æмæ цардхъом у Тамары фæлгонц. Æнусты дæргъы уьгй цыди идеализацигонд. Грис ам дæр у но- ватор, реалист. Тамары цсторион нысаниуæг æвднс- гæйæ уый лæмбынæг æркаст уымæн йæ адæймагон æууæлтæм. Тамар паддзахы бынатмæ тырны, кæд, зæ- гъы, «Гуырдзыстонæн рæсугъд амонд æрхæссин». Р1æ мой Юри æмæ тавадты сыстад саст куы ’рцыди, уæд змæнтæгæн ныххатыр кæны: 62
Тамар нæу марæг, уый йæ бæстыл тауы Лымæндзинады дидинджытæ, фарн. Тамар аргъ кæны фæллойгæнæг адæмæн. Миха æмæ Бибо йæ разы зонгуытыл æрлæууынц, уый сæ сыс- тын кæны: «Не ’мбæлы, зæхкусæг йæ зонгуытыл мæ разы лæууа, уый». Ракæны сын лæвæрттæ, фæдзæхсы сын «Цæрут кæрæдзи уарзгæ»! Ацы хъуыддæгты йæ фæлгоиц традицион у. Фæлæ Тамар политикон арха- йæг у. Вæййы хин, вæййы тызмæг, æгъатыр, зоны йе ’нкъарæнтæ æмбæхсын ,архайы х уавæртæм гæсгæ. Æмæ хатгай йæ «дидинджытыл» ферттивы туджы æртæхтæ. Дилогийы уынæм галуаны цард. Алыхуызон интри- гæтæ, быцæутæ, цæстмæмитæ, хин æмæ хæрам. Бибо — адæмы минæвар — зæгъы: «Æфсæст æппæтæй, афтæ- мæй кæрæдзи куыд хæрынц!» Нæ, уым нæй амонд, уым нæй рæстдзинад. Уым тæссаг у алкæмæн дæр лæггад- гæнæгæй паддзахы онг, сæ сæрмæ Дамоклы кард ис. Хуымæтæджы нæ зæгъы Тамар: «Гуырдзыйы галуан бирæ дуæрттæ дары»,— æнхъæл кæцæй нæ уай, уыр- дыгæй æваст фæзындзæни фыдбылыз. Уым ис «разыс- гарджытæ», уыдон та «дæсны сты фæнд давынмæ». Уым уыгтау, мæрдты бирæгътау сæ хъуыддæгтæ кæ- нынц талынджы, талынг у се ’мбæлццон, сæ хъузон. Иуане фæдзæхсы йе ’мдзæхдонтæн: «Нæ хъуыддæгтæн та рухстæссаг у». Карз æцæгдзинад! Фæстагмæ ахæм талынг уавæры сурынц Сосланы. Æвирхъау тыхджын сценæ! Сослан бафиппайы уый: Хуымæтæджы нæу афтæ талынг агъуыст! Æрмæст фыдгæнд, гадзрахаты ми Чындæуы ахæм талынджы.— Гъей, рухс-ма! Мæ хъустыл уайы сусæггаг ныхас, Фæлæ цæсгом, цæсгом нæ уынын иу дæр. Ацы ныхæсты мидис схизы бæрзонд символикон ны- санмæ. «Уæздæттæй» мæгуыр зæхкусджытæ амондджындæр сты, æрдзондæр, хуымæтæгдæр. Кæд æфхæрд сты, уæд- дæр хъæздыг сты сæ зæрдæты рæдаудзинадæй. Зæх- кусджытæ Бибо æмæ Миха хæссынц ир æмæ гуыр- дзыйы хуыздæр миниуджытæ: зонд, фæллой кæнын, хæлардзинад, цардыл цин кæнын, гуманизм. Драмæ*
’бæрзонд кæны уыцы рæсугъд миниуджытæ, æмæ уый мидæг ис йæ сæйраг ахадындзинад. Миха æмæ Бибо сты цыргъзонд, хъæлдзæг æмæ ирд юморæй рухсы стъæлфæнтæ æппарынц уацмысы цар- ды æрхуым атмосферæмæ. Грис дæсны у драмон сюжет нывæндынмæ. Адæмон сценæтæ дæтты бæрцæй, æлгъин ахорæнтæй. Зæрдыл æрлæууынц Ф. Энгельсы ныхæстæ Карл Гуцковы дра- мæ «Паддзах Саул»-ы тыххæй: «Большие народные сцены таят в себе известную опасность: у того, кто не обладает талантом Шекспира или Гете, они невольно получаются тривиальными и бессмысленными. Зато несколько слов, которыми обмениваются отдельные воины или другие люди из толпы, зачастую произво- дят большое впечатление и вполне достигают своей це- ли — отдельными штрихами передать общественное мнение...»* Афтæ у Грисы трагедийы дæр. Бибо æма^ Михайæ уæлдай ма адæмы ахаст хъуыддæгтæм æвди- сы Зæронд лæг. Иæ ныхас цæуы адæмы зæрдæйæ, адæ- мы зондæй, æмæ йын бердзенаг трагедийы хорау æм- зæлдæй дзуапп дæттынц саударæг сылгоймæгтæ — сæ хъарæг, се ’лгъыстытæ Сосланæн сисынц уыцы ныв бæрзонд, дæттынц ын тыхджын трагедион зæлынад. Фыссæг ныхæй-ныхмæ æвæры адæм æмæ уæздæтты иард. Галуаны лæг рæстæгмæ у,— нал хъæуы, уæд ын йе сгуыхтытæ дæр хъахъхъæнæг нал сты. Демна Ма- ринейæн ныфсытæ æвæры: Æгас мыггаг ныццæгъдын — уанцон нæу! Дæ фыд гуырдзыйæн къорд хæрзтæ фæци,— Куыд ничи сдзурдзæн уый сæрыл? Ау, афтæ Фæтарстысты — рæстдзинады сæрыл Æргом куыд ничи бауæнддзæни сдзурын? Цæсгом дæр нал ис, ау? Марине зæрдæсастæй зæгъдзæн: «Кæм ма ис, кæм? Сæ дыууæты дæр (рæстдзинад æмæ цæсгомы) амард- та нæ паддзах!» Диссаг сты паддзахы галуаны архайджыты митæ! Георгийы раз æппæлынц паддзахæй, йæ фæсаууон фыд- вæндтæ кæнгæйæ дзурынц: * М а р к с К. и Эн г е л ь с Ф. Об искусстве, в 2 т. М., Ис- кусство, 1976, т. I, с. 449. 64
— Æууæнкхор нын кæдмæ уыдсæн паддзах? — Лæгмары марыы — удыбæстæ хонынц. — Уæздæттæ, бамбыд паддзахады сæр! — Цы ма $æм кæсæм: марынæн рæгъæд у! Сосланы тыххæй кæнынц фыдвæнд: — Хæрын уын ард, куы амæла, уæд æй Кæй рæппардзынæн паддзæхты зæппадзæй! — Нæ хъусут, нæ? Мæлæт хуыздæр, мæлæт: Æгасæй йæм нæ уæнды, фæлæ мардæй! Уайдзæф хауы Закаромæ. Ирд æмæ хуызджын у йæ фæлгонц. Уый у хæстон, фæлæ уыимæ интриган. Хæс- тон курдиат æм цас нæй, уыйас дæсны у хин митæм, йæ хотыхтæ — цæстмæхъус ныхас, ардауын, фаутæ хæссын. Ирд æмæ колоритон у алчер Антоны фæлгонц. Зо- нынджын лæг зоны царды æууæлтæ, кæсы сæм хъуы- дыгæнæджы цæстæй, кæм скептик у, кæм хуымæтæг, чырыстон мораль æмæ философийы фæлгæтты кæны æзроьт хъуыдытæ — кæм æргомæй, кæм — дæлгоммæ ныхасæй, кæм та хъазгæмхасæнтæй. Стыр цымыдисаг ма у иу хъуыддаг: Антон бæстон фæфыста Сосланы сгуыхтытæ. Закаро сæ басыгъта: Кæуыл фæфыстай — нал уыдзæн рæхдлсы, Æмæ йæ кой дæр ма баззайа хъуамæ! Афтæ уыд æнусты дæргъы Сосланы хъуыддаг. Фæ- лæ уæддæр ис рæстдзинад. Уыцы рæстдзинад райгас Грисы уацмысы æмæ нæ разы лæууы хуырджын ны- вæй. Уацмыс у философон, дзаг у адæймаджы хъыс- мæт æмæ царды нысаныл сагъæстæй, арф хъуыдытæй: хæст æмæ фидыдыл, мадæлон æвзагыл, национ цæс- гомыл,— уыдон æй кæныпц актуалон, нырыккон, цард- хъом. Уацмысы ис, мæнмæ гæсгæ, къаннæг аиппытæ дæр. Арæх лыстæг хабæрттæ дæргъвæтин æмæ лæмæгъ кæ- пынц архайд. Фæлхатгонд цæуынц хицæн ситуацитæ, хицæн хъуыдытæ. Ис дзы, хъуыддаг æмæ хъуыды раст чи нæ æвдисы, ахæм бынæттæ æмæ дзырдтæ. 1-аг хайы кæрон (88 ф.) Тамар Михелæн фидарæй зæгъы: «Дæу исын, уый (Антоны) дæ бынаты æвæрын». Афтæмæй Михел 2:аг хайы дæр у католикос. Бæрæг нæу, Сослан Дедахъæуæн чи уыд, уый: цавæр фæтæг, цы уагыл? 3 Заказ № 393 • 65
Науæд Дедахъæу кæд Дзылаты цур уыд,— афтæ дзу- рынц археологтæ,— уæд раст нæу Тамары уайдзæф: «Гъе, гормон, ацы ’нарæджы куыд цæрыс?» (Арх^йд театралон варианты Нузалы цыд, æмæ, чи* зоны, уы- мæн афтæ рауад.) Гудзареты ирон адæм Тамары за- ман нæма æрцардысты. Сослан зæгъы: «Мæхи фæир- хæфсын бердзенагау — Гомерыл, Сократыл, Юлий Це- зарыл» (29 ф.). Цезар латинагау фыста. Æви тæлмац уыд? Сократ та фыст уацмыстæ нæ ныууагъта. ХП-æм æнусы ир чырыстон уыдысты, æмæ сыл чырыстон гуыр- дзы хъуамæ динæй фау ма æвæриккой.' Уацмысы архайд нæуы зæйау — тыхджынæп-тых- джындæргæнгæ, цæуы æмæ тырны йæ логикон кæрон- мæ. Æниу ын уыд æрбалвасæн. Зæрдæхсаинаг у 2-аг хайы 1-аг мийы 4-æм сценæ. Сосланæн Дедахъæуы цæттæ у æфсад Гуырдзыстонмæ цæуынæн, афтæмæй уый фæдыл кæны дæргъвæтин дискусси Зæронд æмæ Бибылимæ. Стæй, адæмы нæ фæнды, иры’ фæсивæд балцы ацæуой, уый, æлгъитынц æфсадхон Сослапы, афтæмæй «бирæ бæхджын æфсад» йæ фæдыл ныххæр- рæтт кодта. Ам нæ зыны бастдзинад. Афтæ зыны, цыма фыссæг æнæхъуаджы дæтты Цæ- разон Сосланæн Нарты Сосланы æууæлтæ: сæрдзар- мæй къухмæрзæн, Сосланы кафт Уацамонгæйыл, ду- рæй гуырд. Сæ иудзинад æгæр фантастикон у. Грйс дзырды дæсны у. Уацмысы «цæрынц» æмæ «ку- сынц» - ирон æвзаджы хъæздыг æвæрæнтæ, рухс кæ- нынц авторы хъуыдытæ. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, сæхи ролы нæ хъазынц цалдæр дзырды. Грис иу ран фыс- сы «хуымæтæг балхонæг», иннæ ран та «хуымæтæджы ирон лæппу». Уымæн æвдисæн уацмысы æндæр ныхæ- стæ: «хуымæтæджы не ’мбæхст», «хуымæтæджы нæ радтай дæхи». Иу не сты «фыдгæнд» æмæ «фыдра- кæнд» дæр. Фыдгæнд у фыдæлтыккон æфхæрæн æгъ- дау (зæгъæм, искæй уæлмæрдыл куыдз бабæттын), уацмысы та уыцы нысаны нæй. Арæх дзы æнæхъуаджы æмбæлынц анахронизмтæ æмаё варваризмтæ: горæт, кънйаз (Гуырдзы афтæ цæмæн дзырдтаиккой?), тур- нир, династи, файтон, стратеги, гуманизм, закъон... Урс зæлдагыл — сау сынчытæ. Дыккаг уацмыс у цыппарнывон драмæ «Æнæсæт- тон». Иæ арæзт, йæ сюжет, йе ’рмæгмæ гæсгæ уый фыццагæй хуымæтæгдæр у. Ам æвдыст цæуы цалдæр- цауы Хетæгкаты Къостайы стыр цардæй. Драматург 66
равзæрста, позты йе ’хсæнадон æмæ революцион тох цы фæстиуджытæм æркодтой, уыдоны æппæты драмон- дæр период — фыццаг хастæй сыздæхт æмæ — ног хаст. Ахæм хуызы авторæн хуымæтæг сюжеты йæ къу- хы бафтыд, иуырдыгæй, адæмы ахаст, иннæрдыгæй, хицауады ахаст Къостамæ равдисын, уьщы фоныл поэ- ты титанон тохы нысаниуæг рафæлгъауын, йæ царды ныв скæнын. Къоста — зæххон Прометей. «Дурты бын кæй бакæ- нынц, фæлæ фæстæмæ чи сысты», уыцы тохгæнæг, сæ- рибары фидиуæг, цырагъдар. Уый хæст расидт æппæт талынг тыхтæн, цагъардзинадæн. Иæ ныхмæ лæууынц канд хицауады гуымиры тых нæ, фæлæ, йæ алыварс чи ис, уыдоны талынг зонд, сæ тæппуддзинад, сæ ни- цæйаг монцтæ. Гæлæбутау йæ рухсмæ чи тымбыл кæ- ны, уыцы цурон æмæ кадбæллонтæ дæр тæссæй уыры- тау сæхи айсынц алырдæм. «Рæстдзинады фæндагыл сындзытæ ис»,— уый зоны Къоста æмæ цæттæ у æп- пæт фæлварæнтæм дæр. Уыцы зынты поэт уыд уæздак æмæ сæрыстыр, баззад адæймагæй, сыгъдæгæй хаста йæ намыс, йæ уарзт. Уый у ног адæймаг, поэт æмæ ре- волюционеры ног тип, йæ зонд æмæ йæ зæрдæмæ баф- тыд, «Дунейыл хуыздæрæй цы фæзынд, уый». Грисы герой хайджын у историон Къостайы æнæг миниуджытæй. Иæ царды нысан у тох кæнын—«хæцгæ у лæгæн æдзух фыдмиты ныхмæ, кæд уаллон нæу, уæд»... Р1æ тохы нысан — адæмы фарн, сæрибар, амонд, адæймаджы намыс. Цымыдисаг у йæ быдаеу Лыксани- мæ. Сауджыны философимæ гæсгæ зæххыл ивæн ни- цæмæн ис, алцы хуыцауæй арæзт у; Лыксанæн адæй- маг уаллон у, цард — æхсæв. Къостайы философи у материалистон, революцион. Уымæ гæсгæ адæмæн хъæуы скъола, ахуыр, рухс—уæд уаллæттæ нæ уыдзы- сты, фæлæ адæм, рухс дуне уынæг, «æмæ сæ фæрцы раивдзыстæм дуне». Къоста уыцы стыр хъуыддагæн нывонд кæны йæ курдиат, йæ цард. А н н æ Цымæ, Къоста, æнкъард зарæг куы зарай, Уæд адæмтæн нæ асæтдзæн сæ ныфс? К ъ о с т а Нæ, Аннæ, уый сæ сагъæсыл æфтаудзæн, Хъуыды кæндзысты... 3* 67
Поэт зоны йæ уæззау хъысмæт, тохгæнджыты хъыс- мæт, фæлæ йын тыхгæнæгæн «лæггад кæнынæй — ахæстон хуыздæр». Дæсны арæзт сты драмæйы хицæн сценæтæ. Зæ- гъæм, æрмадзы — Аннæ æмæ Къостапы фембæлд. Гри- сы герой у гени, цыргъзонд. Йæ нывтæй зæгъы: «Уæй- йаг зæдтæ кæнын», «æлхæнынц сæ æрмæст сауджын- тæ,— сæ сæртæй сæ чыссæты фылдæр цыдæртæ ис». Къоста у стыр гуманист. Аннæ йын куы фæзæгъы, хæ- рæджы бæсты цæргæсы ныв цæуылнæ скæныс, уæдйæ дзуапп у: «Цæргæс па’ддзах у мæргътæн, æз та нæ уар- зын паддзæхты!» Грис æвдисы Къостайы рæстæджы уæззау политнкон уавæр. Адæм — æнæбар, дæлдзиныг, ссæст. Нымудзын, дзырдхæссын, даутæ — уыдои сты заманы æууæлтæ. Хицауад — æппæтхъом, закъон — куырм æмæ къуыр- ма, хъæуы æрмæст адæмы коммæгæс кæнынæн. Къос- та зæгъы: Уæд мæгуыр куыд нæу, Æнамонд уыцы паддзахад, фыссæгæн Фыдызæххыл ныхасы бар кæм нæй, Кæм дардæуы позты былтыл цьутта! Грис иттæг арф æвдпсы нывгæнæджы уавæр кълас- сон æхсæнады. Иуырдыгæй, æййафы политикон æмæ моралон æфхæрд, иннæрдыгæй, хæссы мæгуыры уаргъ. Нæ зæрдæ нын судзынц поэты ныхæстæ:' О дуне! Цас егъау нывтæ кæнип, Цы зарджытæ, цы кадджытæ ныффыссин, Къæбæры мæт куы нæ кæнип æдаух, Мæгуыр цард мын куы нæ хæцид мæ хурхыл!.. Фæлæ поэт Прометей уымæй дæр у, æмæ зæгъы фи- дарæй: «Хъæздыг цардыл, уæйгæнæджы мыздыл нæ ратдзынæн мæ уды бархи, никæд». Иæ уавæр ноджы цыфыддæр кæны «æмбæлтты» гадзрахатæй, хæстæджытæ æмæ хиуæтты мещанон до- мæнтæй, йæ хæлæрттæ æмæ йæ зонгæты тæппуддзи- надæй. Къостайæ тæрсынц знагæй-хионæй. Каханов заегъы: «Мæн ма хъыгдар, æндæр ныв кæнай, заргæ... мæнæн уæлдай нæу уый: мæнмæ,нæ хаудзæн уайдзæф чмæ хицауæй...» Ахæм у чиновникы æгъдау. Йæ зонгæ- тæ дзурынц: «... фыдбылыз ис... йæ царднывы, йæ ны- «сæнтты, æнцой йын нæ уыдзæн, никæд... Иннæтау бы- 68
нат нæ агуры йæхи удæн». Къоста судзы нырагъау, æмæ ницæйæгтæ тæрсынц сæхицæи судзынæй. Иæ уд æмæ йæ зондау рæсугъд æмæ бæрзонд у Къос- тайæн йæ уарзт дæр. Уарзт лæгæвзарæн у, æмæ уым ирд æмæ рухсæй зыпы поэты удыхъæд, йæ гуманнзм. Аннæ уæлмонцæй зæгъы: Куыд бæрзонд систа адæймаджы нрм,— Йæ цырт уæлæуыл самадта мыггагмæ... Куысты йæхиуыл н ’ауæрды, йæ уд Дæтты рæсугъдмæ сидæг аивадæн. Лæджыхъæды уæздандæрæй цы ис — Къостайы уды сегас дæр и ссарæн... Æмæ, дам, ма уарз ахæмы!.. Уый у, гъе, хъуыдыйаг. Уыцы æнусон быцæуы ис драмæтæ æмæ трагедиты рахæцæн. Фæлæ Къоста уæз- дан æмæ стыр у йæ тохы дæр, йæ уарзты дæр, йæ ры- сты дæр. Ахæм у Къоста Грисы драмæйы. Æххæст æмæ вазыгджын сты Аннæ æмæ Хораны фæлгонцтæ. Грис сæ æвдисы ног хуызы, скодта сæ реа- лон æмæ цардæгас. Иудзырдæй, драмæ «Æнæсæттон» у ахъаззаг уацмыс. Æрмæст мæм ам дæр фæзынд цалдæр фиппаинаджы. Ирон литературæзонынады ныффидар иу рæдыд хъуы- ды: Къостайы дыккаг хатт ахæссынæн æфсон нæ уыд, æмæ Каханов æрымысыд æфсон, цыма поэт архайдта цавæрдæр змæсты. Уый раст нæу. Революцион демо- краты ахастой йæ куыст æмæ йе сфæлдыстады тыххæй. Æфсон агурын сæ нæ хъуыд,— поэты алы уацмыс дæр фаг уыд уымæн. Ацы хъуыддаг зыны Грисы драмæйы дæр æмæ ныллæг кæны Къостайы революцирн куыст, кæд хицауады куысты æнаккаг методтæ æвдисы, уæд- дæр. Æгæр бирæ бынат лæвæрд цæуы Кахановæн. «Гуы- миры лæг сæрдар кæм уа, уым зондджынмæ бынат нæ хауы». Кæд афтæ у, уæд салдафон Каханов æгæр «уæз- дан» æмæ биноныг ныхас кæны йæ фыдгул поэтимæ. «Гуымнры сæрдарыл» тыхы дæрзæг æвзагæй дзурын хуыздæр фидауы. Дыууæ уацмысы дæр фыст сты рæсугъд, поэтикон нывджын æвзагæй. Бирæ базырджын ныхæстæ, уырны мæ, æмбисæндтау цæудзысты дзыхæй-дзыхмæ. Уацмы- сты æмдзæвгæ у аив амад, фидар, хæрзхъæд. Фæлæ 69
дзы нс хицæн къуыхцытæ. Къорд раны сæтты ямбы ритм. Уыцы сау тæппытæ уацмысы иумæйаг фидауцыл 1æзæмæ зынынц. Дыууæ драмæйьгиу чиныджы кæй сты, уым ис сæр- магонд мидис. Фирдоуси загъта: æнусон ницы ис зæх- хыл, æнæмæлæт сты æрмæст хæстоны сгуыхт æмæ куырыхоны ныхас. Нæ разы — дыууæ царды, дыууæ хъысмæты, æхсарджын хæстон Сослан æмæ куырыхон поэт Къоста. Сæ иу дæр сгуыхт, иннæ дæр. Сослан — йæ дуджы номдзыд лæг, ныр йæ ном дзырддаг, йæ хъуыддæгтæ — рохуаты, йæ кад бамынæг æнусты та- ры. Цæмæн? Æви мæнг у Фйрдоусийы ныхас? Сосла- ьæй фæстæдæр ирон лæг Матæрса уыд манголты им- перийы æфсæддон тыхты сæргълæууæг. Æрдхæрæн уы-а дысты йе сгуыхтытæ. Фæлæ уый ном дæр рох у адæ- мæй. Дæмæн? Уымæн æмæ, сгуыхт адæм æмæ Фыды- бæсты сæраппонд куы вæййы, æрмæст уæд у æнæмæ- лæт. Науæд рохуат — йæ тæрхон. Ам зыны иу рæст- дзинад: куы уай æцæгæлон æрвадæн, нæ дæ уæд искæ- мæн хæстæг; кæмдæр дыл хорзæхтæ ныккæлæнт, уæд- дæр дæ адзалы рæстæг уыдзæн сæ фæсдуармæ дæ мæ- лæт. Къостайы сгуыхт у æнусон. Йæ куырыхон ныхас сси адæмон. Поэты сгуыхт хъуыддæгтæ уыдысты йæ адæ- мы сæраппонд, уый уыд аразæг æмæ фарнхæссæг, уарзт æмæ хæлардзинады пехуымпар. Уый у æппæт фæлтæрты æмдугон, фæзминаг хъайтар.
I П ЯП Щ I 1Ч?%Ъ^Тй ТЗГк’ Пх; 2 У2 Ъ’П 11ГЪ1ЛП ьЧ ь"• П’ ^ ; 7$Уй ПлП$ ь Н ; П ТТ7 ГУСАЛТЫ БАРНС «АРВЫ АЙДÆН»-ы ЗÆХХОН ЦАРД Фыццаг бакæстæй Бицъоты Гришы роман «Арвы ай- дæн»-ы хуымæтæгхуыз нывæсты ницы ис уа-диссагæй, Цы ма уа хуымæтæгдæр: «Æхсæзæм бон фæндагыл сты Рагъыхъæуы фосыс- къæрджытæ». Фæлæ ацы’ фьщцаг хъуыдыйады Гриш æрцахста йæ мидхъуырдухæны ритм æмæ йæ кæрæй- кæронмæ æнæфæливгæйæ фæхæсдзæн. йæ хъарутæ цас амонынц, уыйас арæхсгæ хал халмæ фидар хæндзæн, Къуыхцытæ та куыд нæ фæци, фæлæ уæддæр йæ къу- хы бафтыд царды æцæгдзинадæй аивадон æцæгдзинад саразын. Цы хоны Гриш арвы айдæн? «...Æвæццæгæн, ис арвы айдæн, æппæтдæр йæ ’фæд каем ыыууадзы, хорзæй цы сарæзтæуы, уыдон дæр, фыд- ракондтæ дæр... Лæг хуымæтæджы нæ райгуыры, уы- мæн уæвæн нæй. Æвæццæгæн, арвы айдæны баззайы йæ рухс фæд дæр, йæ талынг фæд дæр». Чиныджы та арвы айдæны хæс фыссæгæн йæхиуыл æвæрд у. Йæ къухты цы арвы айдæн ис, уым йæ хуыз скалдта зæххон цард, йæ уынаг цæст æмæ къæрцхъус зæрдæ кæуылты æмæ цæуылты аххæссыдысты, уый- бæрц: сыгъдæг уарзт æмæ чъизи маст, хæлардзинады хорзæх æмæ хæрамдзинады фыдæх, лæгдзинады бæр- зæндтæ æмæ тæппуддзинады былæйхауæнтæ, æфсарм æмæ æдзæсгомдзинад, æууæнк æмæ гадзрахат... Хæсты зынгæфтау схæццæ Ирыстоны дзыхъмæ. Адæм сæ къонатæй фæхауæццаг сты, сæ сæр сæ кой сспс. Сæбан, Гацыр, Зæрæбег, Бедза æмæ Дзæмæтæн сæ быгъдуан бакодтой колхозы фысвос. Семæ барвæн- дæй фæраст æрыгон сылгоймаг Ануси. Иумæ фæсхох- мæ фæдисæй скъæрынц се ’вджид дзуг. Ацы тыхст, удисæн рæстæг сын ссис лæгæвзарæн. Къобы хæрд, удыхъæд æргомгæнæн Къæхтысæр, Æмæ фæстагмæ рабæрæг уыдзæн, чи сæ цæмæн райгуырд æмæ цы хъуыддæгтæй райгонд у, уый. 71
Чиныг аивадон цæмæйты свæййы, уыдон мин лыстæг хъуыддаджы сты. Сæ сæйрагдæр йæ рахæцæн у — аи- вадон æвзагæй хъайтарты миддуне уырницагæй æвди- сын, йæ уды сусæгдзинæдтæм ын арвы айдæнæй нык- кæсын. Цы дзуры, цы архайы, йæхи куыд æвдисы, уы- дон психологон æгъдауæй хъуамæ æнæмæнг фидауой хъайтарыл. Бицъойы-фыртæн ацы хуызы тынг стæм хатт ис бауайдзæф кæнæн. Зæгъæм, бæлвырд къуыхцы ис фæстаг нывы, Ануси мастисæг кæм сси, уым. Цауы цы- мыдисдзинад фæуæлахиз хъуыдыйы арфыл, æгæр æр- гом æртардта фыссæг архайд ахæм къуырцдзæвæнмæ. Ам дæр æмæ, Ануси судзинæй Дзæмæты цæстыгагуьг кæм фæрæхуыста, уым дæр фыссæджы йæ эстетикон цæстæнгас фæсайдта. Борнæф æмæ Дзæмæт... Кæд тугхæстæг не сты, уæддæр сæ удыкондæй æр- вадиуæг кæнымц. Борнæфы сурæт цардæгас у, уайьт цæстытыл, аивадон æгъдауæй йæм къух бакæнæн нæй. Дзæмæт та... О, сау ахорæнæн дæр ис фæлурс æмæ тар хуызтæ, фæлæ Дзæмæт бынтон иухуызон сау мылазон рауади, иугæндзон цъаммар. Æгæр цыма фæцæх- джын... Рæстзæрдæ адæм æууæндаг сты, хатыргæнаг. Фæлæ, кæд фыссæг йæ логикон фидæртты лæмæгъдзинад йæ- хæдæг дæр æнкъары æмæ сыл алы фæрæзтæй чиныг- кæсæджы æууæндын кæны, уæддæр ын уый кæронмæ* нæ бантысы — нæ фидауынц Сæбаныл Дзæмæтæн æнæ- кæрон хатыртæ. Диссаг у, Ануси дæр Дзæмæты уæз- зау æфхæрд куыд ницæмæ æрдардта, ам ахæм хнуыл- хæцгæ кæм разынд, уый — раст цыма тыхмитæ рагæй- æрæгмæ дæр æвзары... Трагедийы уазал дымгæ романы не ’нцайы райдиа- нæй кæронмæ. Трагедион сты фыдæлтыккон таурæгъ- тæ, мысинæгтæ, бирæты царды уæззау хабæрттæ, суанг ма, сæ фылдæрæн сæ бинонты цард кæй нæ фæ- рæстмæ, уый дæр. Æрмæст уацмысы миддомæнтæм’ гасгæ бæрцæй фæфылдæр сты таурæгътæ, фыдбылыз- тæ, зæрдæхалæн сау хабæрттæ æмæ синсаст хъысмæт- тæ. Иу хъуыддаг ма. Ранæй-рæтты уацмыс «тыгъд бы- дырæй» аззайы, æрмæг авторы коммæ нал фæкæсы, æмæ уæд Гриш ьæ фосыскъæрджыты рохуаты фæуа- дзы æмæ топонимикæмæ рахизы — чиныгкæсæджы сæр 72
сцзæгъæлтæ вæййы алы кæмттæ æмæ хъæуты арæхæй, фæндæгтæ, хъæдбынтæ æмæ æрдузтæй. Стыр уацмысы нæй гæнæн, æмæ хицæн дзырдтæ фæлхатгонд ма цæуой, фæлæ сæ зæрдæ куы цъæх кæ- на, уæд хорз нæу. Æмæ фау хæссын, дзырдтæ «уыс- мæй» æмæ «цæстæнгасæй» хъæуа, нæ хъæуа кæй пай- да кæны, уымæ. Ноджыдæр ма иуцалдæр ахæм «уар- зон» дзырды æмæ ныхасыздæхты ис романы. ÆмткæА райсгæйæ та йе ’взаг у сыгъдæг, æнæ уæлдай къæбæл- дзыг. 1'риш йæ романы хъайтартæй алкæйы тыххæй дæр бæстон ныхас расайдта. Мæнæ нын иу дзырдæй куыд æмбарын кæны Сæбаны удыконды сæйраг миниуæг: «Сæбан æфсæрмы кодта, фосы фæдыл æнæзивæгæй кæй фæраст, хъæуы мæ сæр кæд тынгдæр хъæуы, зæгъ- гæ, æфсоны кой дæр кæй не’скодта, уымæй». Æфсæр- мы! Уый у йæ характеры астæуыстæг. ... Сæбан. Хæстон лæг. Дæс боны размæ сыздæхт тугкалæн быдыртæй цæфæй — фæкъуылых, йæ зæрдæ сау уыгæрдтæй баззад. Фæлæ та йæ сæр куы бахъуыд фæдисон балцы, уæд не ’рныгъуылд, æппæты бæрйы дæр бацыд, йæ тохвæллад уæхсчытыл ног ахъаззаг уаргъ æрæнцад. Æмæ нæ фæцуддзæн. Ахæмтæй-иу рауад комы дзырддзæугæ лæгтæ, сæрыстыр кæмæй вæййынц фæстагæттæ, ахæм æфсармджын æмæ æхсар- джынтæ. Фыссæг æй комкоммæ нæ бæлвырд кæны, фæлæ йæхæдæг йæхиуыл дзуры — Сæбанæн ис æцæг коммунисты удыконд, советон зондахаст: «Хæст никуы банцади. Дуне сабыр куы фæзыны, уæддæр фæцæуы хæст — кæмдæр æцæг ныхас зæгъыны сæр бахъæуы. Рæстдзинады сæраппонд дæхи хъуагæй ныууадз, кæй- дæр тыхст фæхистæр кæн...» Гацыр æмæ Зæрæбег. Кæд сæ хæсты быдыры ничи уыд, уæддæр сæ алчидæр царды зындзинæдты бахсыст, бавзæрстой хъысмæты мæнглæгъз æмæ æргом гуыр- гъахъхъ фæндæгтæ. Сау бæллæх ныддурзæрдæ кодта диссаджы хорз лæг Зæрæбеджы — адæмæн дæр æмæ хуыцауæн дæр ад- джын кæй фæхонынц, ахæм адæймаг у. Æртæхы га- гуыйæ сыгъдæгдæр йæ фидар ныфсхаст уд, сывæлло- нæй æнæхиндæр йæ цæстуарзон зæрдæ. Чиныгкæсæгæн æппæтæй тынгдæр йæхи Зæрæбег бауарзын кæны. Мæнмæ гæсгæ, Гришæн йе стырдæр сгуыхт ацы сурæт ис схонæн. 4 73
Фæрæстмæ Гацыры фæлгонц дæр. Иæ г(арды бирæ хъизæмæрттæй æмæ гæзæмæ цинтæй зæрдæ агайы. Иу мады зæнæг дæр кæрæдзиуыл афтæ æнувыд нæ уыдзысты, Гацыр æмæ Зæрæбег куыд сты. Сæ хæлар- дзинады бындур, куыстуарзон кæй сты, æхсæнадоп хъуыддагыл, кад æмæ æгъдауыл æнувыд кæй сты, уый у. Лæджы зæрдæ тæфсы сæ ахастдзинæдтæй. Зæрæбег хъуыды кæны: «Гацыр æдзухдæр йæ цуры кæй уыдзæн, Гацыр кæм куса, уым кусынæй кæй никуы бафсæд- дзæн, уыцы хъуыдытыл сахуыр, адæймаг боны рухсыл куыд сахуыр вæййы, афтæ». Æмбæхстзонд кæй фæхонынц, ахæм у Бедза. Йæ хпстæр уæгъуыр æфсымæр Хъапар æй «тæфæйконд» схуыдта. Æмæ дзæгъæлы фидис нæу. Сæ цъысымы сахат йæ фæдисон æмбæлттæй хи фæфæсвæд кæныны фæнд Бедзайæн рагæй æвзæрд йæ тæппуд зæрдæйы, æмæ иуахæмы фæаууон... Фæлæ кæд тæригъæддаг удысконд ис Бедзайæн, уæд- дæр æм зæрдæ æлгъ нæ кæны, чиныгкæсæг ын йæхн- мæ хæстæг исы йæ уды марой, нæ йæ фæнды Бедзайы æлгъыстаг сæфт. Уый комкоммæ фыссæджы «аххос» у*. уарзæгой цæст æм дары, хорзæй йæм цы ис, уыдоныл ын йæ къух нæ ауыгъта. Ноджы ма Гриш йæ филосо- фины рæбинагдæр хъуыды Бедзайыл баууæндыд; «Бедза дунемæ кусæг лæджы цæстæй касти, кусæг лæг цы хъуыды кæны, уымæй æцæгдæр ницы уыди... Чъи- рикувæг дæр хъуамæ кусæг лæг уа. Р1æ "ныфс уыди пæ куыстуарзондзинад. Кусæг лæгæн а зæххыл хъуа- мæ уа сабыр бынат, хъуамæ йæ мачи хъыгдара». Дзæмæтæн йе ’наккаг зæрдæйы чъизи дæттæ йæ би- нонты æнæуаг цардæй рахъардтой. Æвзæр лæгæн — æвзæр цот, зæгъгæ, ахæм хъуыды йæ фæсонæрхæджы дæр нæй Гришæн’, фæлæ уырнинаг аххостæ ссардта Дзæмæты удыхъæдæн. Фидиссаг уыд сæ хæдзары фæн- даг, сабийæ сызнæт йæ зæрдæ — уарзæгой рæвдыд ни- куы бавзæрста, сахуыр тыхтонай’ыл, лæбурыныл, æх- сæнадон исбонмæ ныхилыныл. Ам фыссæг бинонты æх- сæн хъомылады ахадындзинадæн æвæджиауы дæнцæг æрхаста... Ахæм хъуыды фегуыры, цыма Борнæфы сурæт уæл- дай у, цыма романмæ ногæй ницы бахаста. Йæ интел- лектæй (кæд ахæмтæн дæр интеллект ис, уæд) уæ’лдæр лæууы Дзæмæтæй, уымæн цы нæ фаг кæны, уымæй йæ æххæст кæны — кæд авторы дæр уымæн бахъуыдаид, 74
чи зоны. Цыфæнды у, уæддæр Дзæмæты ницæйаг уд арфдæр иртæст æрцыд, Борнæфимæ фæрсæй-фæрстæм æвдыст кæй цæуынц, уый фæрцы. Дзæмæт хин æмæ кæлæнæй архайы, йæ зонд цыбыр у, æмæ не ’мбары адæмы хъæр, фæлæ — гæбæр бæх йæхи гæбæр бæхыл хафы — уайтагъддæр йæ цæст æрæвæрдта йæхи халæмдих Борнæфыл. Æрмæст дыу- уæ тугдзых сырдæн иу цуаны фæндаг къуындæг ра- зынд, æмæ амардта Борнæфы. Сæбан æмæ Зæрæбег сæ зæххон æфсарм куыд фыс- той — дыууæ æнæзонгæ æфсæддонæн ингæн къахтой — афтæ сыл æрбамбæлд сæ хъаймæты æмбæлццон Дзæ- мæт æмæ сыл автомат суагъта. Уый хæдфæдыл йæхи риуыл дæр сæмбæлд, йæ ницæйаг уд ын чи аскъуыд- та, уыцы нæмыг. Иу хатт ма раздæхæм ардæм. «Хэп- пи енд» кæй хонынц — «амондджын кæрон» — уый нæу. Растдæр уыдзæн «трагикон амондджын кæрон» — уадз, фыдлæг æфхæрд æрцыд, фæлæ, Анусийæ Феми- дæ кæй рауад æмæ йæхи зæрдæ дæр цæрæнбонты кæй байсæфта, уый æгæр карз аргъ нæу? Стæй, куы ма йæ загътон, мæнырдыгонау ацы сценæйыл æгæр æргом зыны схематизмы гакк æмæ йын сæтты йæ эстетикон тых. Бирæвæрсыг æмæ цæстыахадгæ у Анусийы сурæт. Ануси æнæхъуаджы цæстмæмитæй сæрибар у, йæ сыгъ- дæг зæрдæйæ цы скæрда, ууыл хæцы æдæрсгæйæ. Æх- .хæст у ирон сылгоймаджы хæдæфсармдзинадæй. Уарзондзинады ныхас расайдтой Сæбан æмæ Ану- си, Гагцыр æмæ Фаруз, Зæлухан æмæ Зæрæбег. Æна- зым нывгонд цæуынц ацы уарзæгой зæрдæты уæнгма- рæг катайтæ æмæ цардæфтау цинтæ. ...Нарт иуахæмы сæ гуыппырсарты, сылгоймагмæ цы зæрдæйы ахаст дарынц, уымæй фæлвæрдтой. Аф- тæ Бицъоты Гришæй дæр нæ фæивгъуыдта ацы эти- кон рахæцæн (кæй зæгъын æй хъæуы, уый этикæйæ дрфдæр æмæ уæрæхдæр у): лæгтæй чи цы уды хицау, у, уымæн æвзарæн ссис Анусимæ йæ монцты ахаст. Сæбаны зæрдæ — уарзондзинады рæсуг гуырæн, йæ монцтæ, адæмæн хæрам чи нæ у, ахæмтæ! Ануси йын Сылгоймаг у, уæларвон æхсинæгау сыгъдæг, фæлæ зæххон тæвдтуг зæдау адджын, амондхæссæг цар- ды æмбал дзы уыны йæхицæн — тæхудиаг фидæны. Дзæмæт æмæ Борнæфæн та Ануси — мондæгтæ кæмæй уадзынц, уыцы адджын комдзаг. 75
Бинонты амондыл дзæгъæлы зæрдиагæй нæ дзурьг Гриш. Лæгæн æхсæнадон царды йæ бынат æмæ кад — цæттæ. Фæлæ мæнæ куыд хуызы тьйхсы Сæбан Зæрæ- беджы иунæгыл: «Йæ удæй ’цы тона акæны ацы фосы фæдыл, уымæн сбарæн ницæмæй ис. Орденджын æй скодтам, æмбырдты йын йæ ном фыццæгхимæ фæзæ- гъæм æмæ та нæ æрбайрох вæййы... Лæг хæдзары фар- нæй хайджын хъуамæ уа. Хæдзары кæй ссугдзай, уы- ны цырагъ — æппæты рухсдæр, дæхи сынтæджы цы бафынæй уай, уыцы фын — æппæты хæлардæр». Нырыккон царды мæтаг проблемæ ссис бинонты фи- "дыд цард, иугай-дыгай сывæллæттæ йæдтæмæ кæй нæй бинонтæн, уый. Фидæны карзæй фæзындзæн æхсæна- дон цардыл уыцы уавæр. Æмæ Гриш, кæд сæрмагон- дæй уый нæ хыгацы, уæддæр иу боны цæстæй нæ кæсы дунемæ. Стæй цæмæ гæсгæ баззайа хорз Зæрæбег æвæ- дæй? Уыйхыгъдмæ тасын кæны Сæбан Зæрæбеджы зæрдæ: «Хъæуа дæ, ма дæ хъæуа — ацы зæххы къори- йыл дæ номыл иу стъæлф хъуамæ ма баззайа?» Нæ амард, нæ амард Зæрæбеджы зæрдæ дæр йæ риуы: «Адæймаджы куы нæ уырнид, сомбон æм исты амонд кæсы, уый, уæд-иу уæлхъæдæй бахус уаид къуыримæ». Фæлæ фæсыкк йæ рæсугъд бæллиц... Уыцы хуызы дæр æмбæлгæ æфхæрд æййафынц æп- пæрццæг хъайтартæ. Уыдон лæгтæн райгуырдысты, фæлæ адæмæн уарзон адæймæгтæ нæ систы — фыдвæд сæ рантыстаид, æмæ уымæн не сты нæдæр цард æмæ амонды аккаг, нæдæр фæткыл мæлæты аккаг. Æмæ адоныл дæр фыссæджы дудаг зæрдæ рæхойгæ риссы: знаг уын уæ райгуырæн зæхх ссæнды, афтæмæй сымах та... Цард уын нывыл цæрынæн лæвар у, афтæмæй сы- мах та... Иунæг мæгуыр у. Фæлæ адæймаг йæ бинонты æх- сæн дæр вæййы иунæг (Сæбан, Гацыр, Ануси). Уый дæр царды фаг бæллæх. Æмæ стыр литературæйы ацы фыдæлтыккон темæмæ Гриш дæр йе ’ргом раздæхта. Хуымæтæг, фæлæ æвæджиау хъуыдыджын сты Ану- сийы сагъæстæ: «Хъуамæ дæ исчи зона, хъуамæ дын ацы стыр дунейы уа иу ахæм хион, иу исчи, дæ зæрдæ кæй раз райхæла. Уыцы исчи дæм нæ бафæллайдзæн хъусынæй, стæй дын иунæг ныфсы ныхас зæгъдзæн, æвдадзы хос дын чи феста». Роман «Арвы айдæн»-ы фæрссаг архайджытæй сæ иу у Даки, райæххæсткомы сæрдар. Цыма лæгæн йæхи 73
цæстыты раз ис, афтæ дзæбæх æй уыны. Фыдхуыз, цæсгомы иу туджы æртах нæй, фæлæ «бирæгъы норт- тæй конд». «Айдагъ норттæ, æрдынбостау хъæддых норттæ». Нымадæй цалдæр сыфыл цæуы йæ кой, са- хатырдæг æм байхъусæм æмæ йæм бакæсæм, афтæмæй зæрдæйы баззайы. «Цавæр æнамонд гуырд фæдæн — уынын цы хъæуы, уый цæуылнæ фæуынын? Ног цар- дарæзтыл уыйас туг цæмæн ныккалдтам, кæд кусæг, цæсгомджын лæгæн арфæ ракæнын нæ зонæм...» Раст æфхæры йæхи: уыцы уайдзæф ын кодта кæд- дæр Сæбан дæр\ коммунистон æфсарм æмæ фæтк цы æгъдау домынц разамонæгæй, уый йын амыдта: «Зонд дык кæ амонын, Даки, фæлæ йæ дæхæдæг куыннæ æм- барыс: кусæг лæджы уæлхъус куы æрлæууай, уæд æм дзæбæх сдзур». Æмæ мих нæ аныхъуырдта Даки, бам- бæрста йæ’, лæгмæ куысты сæрты кæсæн кæй нæй, уый—ницы ис адæймагæй ахсджиагдæр æмæ вазыг- джындæр, æппæты райдиан дæр æмæ кæрон дæр уый у. Фæзминаг хъуыды. Ныры дуджы не ’хсæнадон царды Дакийы фæлгонц уæлдай ахадгæ у: цыхуызæн хъуамæ уа разамонæг, ууыл арæх бацайдагъ вæййы ныхас периодикон мы- хуыры, ууыл сты сæрмагондæй дзурæг партион уынаф- фæтæ. Ахсджиаг сурæт сфæлдыста фыссæг, цæстыл- уайгæ равдыста уæды тызмæг заманы æхсæнадон ра- замонæджы цæсгом: «Сæбаны размæ Рагъыхъæуы кол- хозы сæрдарæй Даки куыста, Йæ фæллад-иу кæд уагъ- та, уый бæрæг нæ уыди. Правленийы-иу æй баййæфтой сæумæраджы, правленийы-иу æй ныууагътой фæсахсæ- вæр. Алы хъуыддаг дæр йæ райдианæй йæ кæронмæ куыд нывæст цæуы, уый хъуамæ йæхи цæстытæй фед- таид, хъуынтъыз æрфгуыты бынæй-иу касти. Кæронгæ- стæ йæхæдæг æвзæрста, уæддæр сыл не 'уУæнДЬ1Ди>>- Уæндонæй исы автор дзырдтæ æвзаджы рох æвæ- рæнтæй æмæ сæ ног кæны, ног цард сын дæтты, рагæй зонгæ дзырдтæй рауайы дзыхъхъыннæуæг фæлыст — «дуры фæзгъæр», «тыппыр»,— ома къуыбыр æмæ а. д. Ис æм — дзæвгар дæр ма — йæхи джиппы уагъд нео- логизмтæ, æмæ бæззынц: «нукдуртæ...» «рæвдзсгар æн- гуылдзтæ»... «стъæлфгæ-фыцгæ риу»... «хъарæгрæв- дыд»... «æлвисгæ къæвда»... Зæрдæйæ уынаг æмæ къæрцхъус фæцис Бицъойы- фырт: «Баззади ма дзы, цин кæнын æргом чи нæ уæн- дыди, уыцы хъæрмуст рухсæй дзаг дыууæ цæсты». 77
Рæстдзæвин сты йæ барæнтæ, архайд сæ руаджы ирд- дæрæй уайы цæстытыл: «Дуртæ цыма лæмæрста — ни- кæмæй сæ ницы ратагъди...» «Маргъы къубалыл хæ- цæгау æрхæцыди голладжы комыл». Алы зайæгойты мыггæгтæ кæй иртасы, уый дæр у фыссæджы зонындзинæдтыл дзурæг. Стыр аргъ кæны деталæн, уымæн æмæ йын хорз зоны йæ нысаниуæг: «Ануси бахоста гомтыргъ хæдзармæ. Йæ рудзгуытæй дыууæ — фæйнæгæй æхгæд, æртыккаг рудзынджы уæл- лаг цæстыл авг æвæрд, дæллагыл — фанеры гæбаз. Скъæты раззаг къул рагуыбын, йæ сахъарибыд фæрс- чытæ разындысты». Фæлæ цалдæр раны фæмæнг йæ цæст. Ануси; æвæц- цæгæн, гилдз обоймæйы нæ бавæрдта, фæлæ йын йæ нæмыг раздæр топпы хæтæлы фæцавта, стæй автор йæ- хæдæг куыд зæгъы, афтæ: «Затворыл хъавгæ бахæцыд, гилдзы пæ разæй хæтæлы арфмæ батардта». Уæдæ не- мыцаг хæдтæхджыты базыртыл свастикæтæ нæ, фæлæ сау дзуæрттæ нывгонд уыд. Иронау дамбаца æмæ лн- вор куы ис, уæд ь;а сæ пæмыгзгъалæнтæ цæмæ хъуыд схонын? Хæлæггаг у, йæ хъайтарты æддейы бакастæй куыд ныв кæны, уый: «Бедза асæй уыди рæстæмбис, иувар- сæй кæсæгмæ та афтæ зынди, цыма рæстæмбисæй ныл- лæгдæр уэ уымæн æмæ ныгъуылдæй цыди, цыма йæ мæнæ-мæнæ ныллæг дуарыл бахизын хъæуы». Кæд йæ хъуыдыйады арæзт бынтон æххæст æмæ æнæкъуыхцы нæу, уæддæр æхсызгондзинад дæтты, уæдæ хъуыдыйæ дæр хатгай æмбисæндтæм хæстæг балæууынц: «Хъару иу лæг у, зонд та — æфсад...» «Цы федтай, уый — дæ цæстыты бар. Уый дæ дзыхы бар нæу...» «Ахæстьг кæй фæдарынц, уыцы цин зæрдæбындæр у». Дæрзæг дзырд- тæ дæр сæ бынаты сты...
тТТ чтхтт тго ^пттпг птттт тят яччт тгп тт^утт^ггатт го гпггж тп ХЪОДЗАТЫ ÆХСАР ХУДÆН БОНТÆ Цыргъæвзаг æмæ рæстдзæвин лæгæн стыр аргъ код- той нæ фыдæлтæ. Уый тыххæй ахæм æмбисонд ис: «Æвзагджын лæг фæринк у». Сырдоны дзыхарæхст сæдæгай фæлтæртыл дзæгъæлы н’ аххæссыди, зæххы хин æмæ арвы кæлæн, зæгъгæ йыл уыцы ном хуымæ- тæджы не сбадти. «Сырдоны йе ’взаг арæзта, æндæр Нартимæ цы ми кодта?» — уый дæр фыдæлты æмби- сонд у. Иæ дзыхарæхст, йæ арф æмæ тасаг зонды руа- джы-иу Сырдон хъазæнхъул ацарæзта цыфæнды стыр хъаруйы хицауæй дæр, фыдбылызæй-иу фервæзын код- та Нарты гуыппырсарты. Ирон адæмон аргъæуттæн æмæ зарджытæн дæр сæ ахсджиагдæр миниуæг у, юмор æмæ сатирæйы рухсæп семыдзаг кæй сты, уый.. «Худын æвæджиау стыр хъуыд- даг у: дæ цард дæр, дæ мулк дæр, дæ бæстыхæйттæ дæр дын н’айсдзæни, фæлæ аххосджын йæ цуры-.баст тæрхъусæй уæлдай нæу»,— фыста Гоголь. Фольклоры уидæгтæй тау суадзгæйæ нæ литерату- рæйы хуыздæр уацмыстæ хайджын сты юмор æмæ са- тирæйы фарнæй, хъæлдзæг цыргъ ныхас сын æххуыс - у «Царды низтимæ» тох кæнынæн. Мæ ныхасы сæр сты ирон эпиграммæ ’мæ пароди. Ацы темæйыл нæ литературæзонынад æмæ крити- кæйы, зæгъæн ис, иунæг куыст дæр нæма уыд. Ирон эпиграммæтæ ’мæ пародитæ хицæн чиныгæй иунæг хатт йедтæмæ нæ рацыдысты. Уыцы чиныг дæр («Æргом ныхасы къæм нæй». Ирбн эпиграмэдæтæ æмæ пароди- тæ. Орджоникидзе, 1964) у хæрз къаннæг, фæлæ чи- ныгуадзæн «Ир»-ьг фыццаг фæлварæн фæрæстмæ. Гъе æрмæст сразы уæвæн нæй чиныджы разныхасы иу хъуыдыимæ: «Фæлæ уæддæр эпиграммæ фæзынд Ок- тябры революцийы фæстæ, нырма æрæджы». Мæнмæ гæсгæ та ирон литературæйы эпиграммæйы жанр Къостайы рæстæджы фæзынди, са^рæвæрæг та^ 79.
йын уыди Гæдиаты Секъа. Кæд сæ уыцы номæй нæ хуыдта, уæддæр Секъайæн йæ цыбыр сатирикон уац- мысты æнцонæй раиртасæн ис эпиграммæйы миниу- джытæ: сты цыбыр æмæ æлвæст, стæй бæлвырд хаба- рыл фыст. Уæвæн ис, æмæ эпиграммæйы æвдыст цæуой канд иу адæймаджы аиппытæ нæ, фæлæ ’гас æхсæна- ды фауинаг миниуджытæ дæр. Секъа худинаджы гакк æвæры фæллойгæнæг адæмы æфхæрджытыл, карзæй, æдæрсгæйæ, ’ргомæй сын худы сæ галну митыл. Куы- рыхон æмæ цыргъзонд уæвгæйæ поэт «дæргъæлвæст фатау йæ ныхас фехста» йæ рæстæджы хицæуттыл: Каркæй, кæркгæсæй, Цъиуæй, цæргæсæй — Иууыл — æмгæрттæ. Бæхæй, хæргæфсæй, Уырсæй, уæд ефсæй— Иууыл — æлдæрттæ. («Рæстæг») Секъа былысчъил кодта адæмы уæйгæнджытыл, 'Стыр бынæтты кæнæ хорзæхты сæрвæлтау йе ’мбæ- стæгтыл цъыф чи калдта, чн сæ нымыгъта, цæвиттон, Къоста «æхсины лæгтæ» кæй хуыдта, уыдоныл: « Комдзог фæуай!» —фыдæл га, Æлгъыстыл уый нымадтой, Ныр Ирыстокы ’взæртæ Сæхи уымæй ысхастой. («Комдзог») Советон дуджы нæ литературæйы цы ’взонг фæлтæр фæзынд, уыдон удуæлдайæ тох кодтой адæмы ’хсæи- мæ ног зондахаст, ног хъуыдытæ хæссыныл, æвæллап- гæйæ хæцыдысты талынг æгъдæутты ныхмæ. Ирон со- ветон литературæйы фыццагдæр æмæ ныфсхастдæр фæдисонтæй иу уыди Хъамбердиаты Мысост. «Рацу, ног заман!» — уьщы лозунг Мысостæн сси тырыса, йæ царды нысан. Иæ поэтикон хъæлæс фылдæр хатт нæ- рыди уадындзы зардау ныфсхаст æмæ парахатæй. Фæ- лæ йæм ис пысырайау судзаг рæнхъытæ дæр:чпоэт йа> хицæн дæр æмæ йе ’мбæлттæн дæр нæ барста зæрдæ- марæн мæллæг цъипп-цъипп. Ирон советон поэттæй эпиграммæ ’ппæты фыццаг Мысост ныффыста. «Фаро- ны зараг цъиу, дудгæ фæбадай, дæхæдæг — æгас, дæ зарджытæ — ингæны». Поэт дзургæ пу адæймаджы 80
тыххæй кæны, фæлæ йæ уацмыс йæ рæстæджы дæр æмæ абон дæр бирæтæм хауы, Мысосты курдиат ацы жанры ’ххæстæй нæ райхæлд: æнафоны йыл фæтых й’ адзал. Афтæ рауад йæ хъыс- мæт Хозиты Яковæн дæр. Мысостау Яков дæр уыди дзырдарæхст æмæ рæстдзæвин. Иæ ныхас — кардау кæрдаг: Æмбал. Кæрон ыскæн дæ дзырдтæн, Кæннод фæдисы хъæр кæнын,— Дæ докладмæ лæппуйæ ’рцыдтæн Æмæ зæронд лæгæй цæуын! («Дзураг») Æлвæст, цыргъ афоризмты бындурыл амад сты Хъайтыхъты Георы, Плиты Грисы æмæ Мыртазты Ба- рисы эпиграммæтæ. «Кæнын æвзæр митæ дæрæн,— æнæ худгæйæ нæй цæрæн». Ацы рæнхъытæ кæд Геор ныффыста, уæддæр нæ сатириктæй алкæй бон дæр у афтæ зæгъын. Гъе ’рмæст сæ хицæн уацмыс аразын нæ хъуыди: фаг æрМæг дзы нæй. Нæ эпиграммæты тематикæ у парахат, канд литера- турæйы фарстатыл дзы нæ фæцæуы ныхас. Поэттæн æнæуынон сты бюрократтæ, давджытæ, зæвæтысдæр- джытæ, цæвиттон, царды рæзтæн чидæриддæр æмæ цыдæриддæр къуылымпыйы хос у, уыдон. Хатгай адæй- магæн йæ иу миниуæг вæййы йæ цæсгом, йæ миддуне æвдисæг. Зæгъæм, Плиты Грисы эпиграммæ «Куы — карк, куы — уасæг» кæсгæйæ цæстытыл бæлвырдæй ауайы козбаугæнæджы сурæт: Нæ сæрдар Агор уыд, Агор та Уыд цардыл дыууæ хуызы баст: Уæлдæр лæгмæ карчы каст кодта, Дæлдæрмæ та — уасæджы каст. Мæнæ уын уый та, зыд æмæ кæрæф чи у, фæлæ кур- диаты мыггагæй мисхалы бæрц дæр кæмæ нæй, ахæм поэтгонды фæлгонц: Æхцайы чыссæ йæм фæдар, Уæд дæм йæ ком хæлиуæй дардзæн,— Æрмæст ын бафид гонорар, Æндæр дын къогъотыл дæр зардзæн. («Æхцайы тыххæй къогъотыл дæр чи зары, уыцы поэтæн») 81
иттæг хорз сарæхсти тæппуд лæджы сныв Къоста фæцыди Хохæй тохмæ,— Хæцыд, нæ фæтарсти мæлæтæй! Хъамбол фæлыгъди Тохæй хохмæ,— Хæдзар дзы сарæзта лæгæтæй! («Тæцпуд Хъамбол») - Хъуыды ирддæрæй равдисынæн хорз ахъаз фæци контрасты мадзал («хохæй тохмæ» — «тохæй хохмæ»). Р1æ иннæ эпиграммæйы Геор хурмæ рахаста иу æнак- каг лекцикæсæджы цæстфæлдахæн митæ: йæ лекцийы дины фыдгой фæкæны, цы ’хца дзы райсы, уыдонæй та хуыцауы ном ссары. Георы эпиграммæты цыргъ фæттæ бирæтыл сæмбæлынц: магусатыл, расыггаен- джытыл, къленцтыл, критикæйы хурхылхæцджытыл. Мæнæ ма дзы иуы сурæт: Нæ фыссæг фæрынчын, уый дохтырмæ ластой, Фыртыхстæй нæ зыдта йæхи дæр. — Цы кодта? Цы ’рцыди?— йæ ласджыты фарстой. — Йæ ныхмæ, дам, радзырдта чидæр. («Бесаты Тазейæн») «Худын канд хъаруйы бæрæггæнæн нæу, худьш йæ- хæдæг хъару у. Æмæ дзы иугæр хайджын стæм, уæд æй, чердæм хъæуы, уыцырдæм здахæм»,—фыста Лу- начарский. Худыны хотыхæй арæхстджынæй пайда кæ- нын хъæуы. Науæд дæ худт дзæгъæл гæрахау рауай- дзæни, ницы ахъаз фæуыдзæни. Нæ сатириктæ ’мæ юмористтæ уый хорз æмбарынц. Сæ хотыхтæ райсынц æрмæст бахъуаджы сахат. Царды фæндас галиумæ здахыныл чи архайы, уыдон митæ раргом кæнын ны- майынц с’ ахсджиагдæр хæсыл: Иу сæрбæрзонд лæг нæ уагъта Бакалын йæхиуыл фаджыс. Уæд ын фаджыскалæг загъта: — Хорз лæг, критикæ нæ уарзыс. (Плиты Грис. «Фаджыскалæг») Æнæбон уæвгæйæ йæ къухфыстытæ иудадзыг чиныг- уадзæнмæ чи скъæфы æмæ ’нæкъуылымпыйæ джиппы* Геор та кæнынмæ: 82
кæмæн цæуъшц, ахæм авторы сныв кодта Мыртазты Барис. Йæ чингуытæй йын афтæ зæгъы: «Зæххыл куы ферох уа Къоста, кæсын сæ райдайдзыстæм уæд». Но- джы ирддæрæй зыны уыцы лæджы сурæт Барисы ин- нæ эгшграммæ «Базон-базон»-ы. «Тулы, тулы, фæлæ бæстæм нæ хæццæ кæны», зæгъгæ, уыцы ирон уыци-уы- ци Барисæн феххуыс йæ хъуыды ирддæрæй, бæлвырд- дæрæй зæгъынæн: Хъысмæтæй баййæфта æлгъыст: Кæд нал фысдзæн? Æрмæст ингæны! Фыссы, фыссы, фæлæ йæ фыст Поэзимæ хæццæ нæ кæны. Ацы темæ йæхирдыгонау райхæлдта Тетцойты Тай- мураз дæр: Де ’ндзæвгитæ кизгуттæ куы адтайуонцæ,— Се ’носи сæ тъæрæбæл фæббадтайуонцæ! Царды æмæ1 поэзийы ахсджиаг фарстытыл фыссы Дзасохты Музафер. Нозты ныхмæ йæм ахæм уацмыс нс: Тымбылкъухæй йæ риуыгуыдыр хоста: — Мæ судзгæ фыдтæ ферох вæййынц нозтæй... Цæссыгкалгæ йæ ус ныккуыдта кæрты: — Мæнæн та раст уæд æрлæууынц мæ зæрдыл. Йæ иннæ уацмысы поэт худы, йæ цотæн йæ мадæлон æвзаг бауарзын кæнын йæ бон кæмæн не сси (кæнæ кæй нæ фæндыд), афтæмæй литературæмæ лæгдыхæй чи балæгæрста, ахæм ницæйагыл: «Иæ цот кæсын нæ базыдтой иронау, йæхæдæг та — фыссын». Адæймагмæ алыхуызон ассоциацитæ сæвзæры, Ходы Камалы эпиграммæ «Æрдхорддзинады тыххæй» ба- кæсгæйæ: «Йæ боны хъиутæ сугсæттæны» чи хордта, уыцы зæронд къодахæн фæрæт æрвылбон ард хæры: «Ды, дам, мæнæн мæ хъаймæты æрдхорд дæ!..» Дзæбæх эпиграммæтæ ’мæ пародитæ ис Джусойты Нафимæ, Гаджиты Георгимæ æмæ Бекмæрзты Афон- мæ. Уыцы жанры йæхи курдиатджынæй равдыста Дза- болаты Хазби дæр. Иæ цыбыр æмбисæндты ’мæ эпи- граммæты уый хæрзарæхстæй пайда кодта адæмон сфæлдыстадæй, стыр æххуыс ын уыд йæ размæйы номдзыд фысджыты фæлтæрддзинад. Мæнæ йæ эпи- траммæтæй иу: 83
Дæ фыст нын хоныс музыкалон, Фæлæ дæ ма ферох уæд аргъау: — Йæ зар’æгæй æппæлыд халон Æмæ... йæ цыхт йæ дзыхæй ахауд. («Фæдзæхст>) Фыццаг ирон пародийы автор у Хозиты Яков. Ныф- фыста йæ 1937 азы. Фæлæ йын цыма нæ фæрæстмæ: пародийы миниуджытæ дзы æххæстæй не сты, æмдзæв- гæйы хуызы фыст рецензийы ’нгæс у, ноджы дзы ис даргъ æмæ ’мхæццæ бынæттæ. Пароди нæ литературæмæ барджынæй æрбацыди фæндзайæм азты. Уыцы хъуыддаджы бирæ бафыдæбон кодта Мыртазты Барис. Йæ пародитæ фыст сты хъæл- дзæг, æлхыскъæмхасæн ныхасыуагæй. Поэтты лæмæгъ уацмыстæ фæзмгæ-фæзмын пародист худы парахат зæрдæйæ, йæ тексттæ уыцы уацмысты фарсмæ фæзы- нынц контрастонæй, цæсты сæ бафтауынц. Фæлæ поэт хæларзæрдæ, цæстуарзон у. Дзугаты Георги йæ иу æмдзæвгæйы афтæ фыста: «Кæм дын уыдысты дæ сау æрфгуытæ?..» Барис ын дзуапп радта ахæм пародийæ: — Кæм та балхæдтай Дæ фындз, дæ роцъо, Дæ хну-хъыдзы худт? — Хуыцаубоны сыл Дзауы куы радтон Нæ фиу-цыхты пут. — Кæмæй раскъæфтай, Зæгъгæ, дæу фæрсын, Дæ дыууæ русæй? — Æфстау сæ райстон Дæ уарзон бухæн Йæ дыууæ усæй. — Кæмæй радавтай Дæ монц гуырыконд, Дæ мондаг былтæ? — Мæ Джеор мын сæ ’ Лæтæре-стихтæй Ызнон рамбылдта. 84
Адæймаг зæрдиагæй фæхуды «Куыд уыдтæн нæртон лæг» (Хъайтыхъты Георы ’мдзæвгæ фæзмгæйæ), «Пец- тæ судзынц зымæг дæр» (Балаты Темболы ’мдзæвгæ фæзмгæйæ), «Æз фыссæг дæн, фæлæ йыл нæ сæттын» (Чехойты Сæрæбийы ’мдзæвгæ фæзмгæйæ), «Мин хат- ты хатыр» (Дарчиты Дауыты ’мдзæвгæ фæзмгæйæ), «Ды нæ зоныс, циу» (Баситы Мысосты ’мдзæвгæ фæзм- гæйæ) æмæ иннæ пародитæ кæсгæйæ. Цæстуарзонæй, хæлар юморхъæстæйæ фыст сты Хо- ды Камалы пародитæ дæр, уæлдайдæр та, Джыккай- ты Шамилы, Бахъаты Нугзары, Серго Миндиашви- лийы, Цæгæраты Гигойы уацмыстæм г^есгæ чи рай- гуырд, уыдон. Камал архайы пародийы авналæнтæ фæуæрæхдæр кæныныл. Зæгъæм, йæ уацмыс «Калм æмæ бæлон»-ы фæлвары фондз алыхуызон авторы уы- цы иу темæйыл цавæр æмдзæвгæтæ хъуамæ ныффыс- таиккой, уый афæзмын. Æмæ йын хорз бантысти. Токаты Асæхы пьесæтæй иу хуыйны «Мах — уæлæ- мæ, уый — дæлæмæ». Йæ уацмысты бын драматург арæх ныффыссы псевдоним: Хæса (ома, ном «Асæх»-æн нæ дамгъæтæ фæстæрдыгæй разырдæм куы бакæсай, уæд дзы цы дзырд рауайдзæн, уый). Ацы дыууæ хаба- ры фæдыл Бекмæрзты Афон ныффыста пароди «Тока- ты Асæх дзуры Хæсайæн». Пароди, мæнмæ гæсгæ, V тынг дæсны арæзт, къух бакæнæн æм ничердыгæй ис, автор йæ разы цы нысан æрæвæрдта, уый нæ фæив- гъуыдта: Æз фæцæйцыдтæн уæлæмæ, Ды æрцæйцыдтæ дæлæмæ. Æз зынтæй хылдтæн уæлæмæ, Ды сæппæй цыдтæ дæлæмæ. Ды æрхæццæ дæ мæ размæ, Дзургæ слæууыдтæ мæ фарсмæ: «Нал фæразыс? Цу дæлæмæ, Æз дæ бæсты — ам уæлæмæ». Згъоры ныр Хæса уæлæмæ, Æз мæ фæд-фæд — уым дæлæмæ. ...Фæстаг пьесæ мын фæрæстмæ: «Æз — дæлæмæ, уый — уæлæмæ». «Æргом ныхасы къæм нæй»,— афтæ хуынди нæ эпи- граммæты æмæ пародиты фыццаг чиныг — уæлдæр ма 85
йæ кой кодтон. Уыцы црон æмбисонд зæрдыл даргæйæ мæн фæнды цалдæр ныхасы зæгъын нæ аиппцты тых- хæй. Фыццаджыдæр, ирон эпиграммæтæй бирæтæ фиди- сты æмæ ’лгъыстыты хуызæн вæййынц. Уый раст ба- фиппайдта Ходы Камал: «Кæсын дын дæ фыстытæ, бæрæг у сæ мидис: фыдыусы ’лгъыстытæ, фыдсыл усы фидис». Фидистæ æмæ ’лгъыстытæ та эпиграммæйы жанрмæ дæр æмæ, иумæйагæй, аивадмæ дæр ницы бар дарынц: цæстуарзонæй нæ, фæлæ хæрамзæрдæйæ фыст вæййынц. Цæвиттон, поэт йе ’мдзæвгæ-«Дымгæ» кæй схуыдта, æрмæст уый тыххæй йæ, дымгæ дæ сæры дæр зилы, зæгъгæ, афтæ фæрæхой, уæд цымæ уый <цас аив у! Ныхас цæуы, Хъайтыхъты Геор Мыртазты Барисыл кæй ныффыста, уыцы эпиграммæйыл. Кæнæ иу чидæр Лермонтовау йæ сæр кæй æруагъта ’мæ йæ мидбыл- ты кæй бахудт, уымæй цы фыд ракодта, йæ сæр фидис- ты хай цæмæн фæци: «Фидар къухæй бауромын тутт сæр нæу æппындæр ахæм лæгæн зын!..» (Хъайтыхъты Геор). Искæй ахудын кæнон, зæгъгæ, нæм æрмæст ахæм нысан куы уа, уæд дардмæ нæ фæхæццæ уыдзы- стæм. Сæры кой кæм и, ахæм уацмыс бакастæн Мыр- тазты Барисмæ дæр (пароди «Сæр ма цы хъуаг у?..»). Иæ хъуыдымæ гæсгæ ’ввахс лæууы, цы эпиграммæты кой ракодтон, уыдонмæ. Фæлæ уыдоны «низæй» нæ сæйы. Уымæн æмæ, Хозиты Яков цæйау загъта, йæ ныффыссынæн ис аххос: Балаты Темболы ’мдзæвгæ «Зæрдæйы æрвтæ нæрынц», бæлвырддæрæй та — йæ иу строфа: ...Зæрдæйы — иблистæ, оæдтæ, Зæрдæйы — хур æмæ мæй. Зæрдæйы — цъйæхтæ, бæлæттæ... Хъуаг та цæмæй у, цæмæй? Ацы рæнхъытæ хъазгæмхасæнты стилизаци кæнгæйæ Барис йæ пароди афтæ фæци. Сæры — мæлдзыджыты губакк, Бирæгътæ, къогъотæ, зæй. Сæрæн — йæ хæд бынмæ къубал... Хъуаг та цæмæй у? Цæмæй??? Пароди фæрæстмæ, фыццаджыдæр, уымæн, æмæ хæ- рам зæрдæйæ фыст нæу. вб
Нæ эпиграммæтæн сæ дыккаг сахъат та уый у, æмæ дзы бирæтæ кæрæдзи халдих кæй сты. Раздæр ма ра- кодтон Хозиты Яковы цыргъ эпиграммæ «Дзураг»-ы кой. Уыди дзы ахæм рæнхъытæ: «Дæ докладмæ лæп- пуйæ ^рцыдтæн æмæ зæронд лæгæй цæуын!» Ацы ны- хæстæ Яков кæд дыууиссæдз азы размæ загъта, уæд- дæр абон дæр ахадынц, ахаддзысты фидæны дæр. Æмæ сæ Мыртазты Барис фæзмæгау кæй кæны, уый йын йæ цæстмæ бадарын хъæуы: «Æмбырдмæ дастæй бацыд- тæн, æнæдастæй дзы раздæхтæн». Яковмæ ма ис æндæр эпиграммæ дæр: «Фурд» йæ чиныг хоны Боциты Барон, Уымæн æмæ зоны, Нæй дзы’ къаддæр дон. Ацы эпиграммæйы темæйыл Геор ныффыста цалдæр вариацийы (Дæбейы чиныг «Суадæттæ», Хадойы ’мдзæвгæ «Каспи-денджыз»-ы тыххæй, стæй «Иу поэты сусæг хъуыдытæ» æмæ а. д.). Уыимæ кæд Яковы эпи- граммæ фаты æрттигъау цыргъ æмæ æнæуæлдай дзырд у, уæд Георы вариацитæн æвзаджырдыгæй фау æрхæс- сæн ис. Ноджы ма иу фиппаинаг. Геор карз тох ха- мадта, йæ уацмысты «дон кæмæн ис», уыдон ныхмæ. Фæлæ йын йæхицæн куы бауайдзæфчынди, дæ фысты- ты дæр дон ис, зæгъгæ, уæд та дзуапмæ фæцарæхсти: мæ уацмыс дæуонау хус нæу «æмæ йæ бирæтæ кæс- дзысты». Цæвиттон, хус уацмыстæ хуыздæр сты æви донджын, уый хæйрæг дæр нал равзардзæн. Уый та ’уымæн афтæ у, æмæ быцæугæнджытæ (кæд сын афтæ схонæн ис, уæд) рæстдзинады сæр нæ фæхъуыды кæ- ныиц, фæлæ сæхи сæртæ: ома, æз дзыхарæхстдæрæй разынон. Фаззон эпиграммæтæ схонæн ис мæнæ адонæн дæр (æрæвæрдтон сæ, джиппы уагъд’сæ чи куыд раздæр æрцыд, афтæ): Мæ пьесæйæ мæ арæх и фæрсджытæ: «Йæ гæрæхтæн фæкъаддæргæнæн нæй?» Цытæ мын дзурынц! Театрмæ кæсджытæ Æнæ гæрæхтæй бауиккой фынæй. (Мыртазты Б.) 8?
Разындысты аивæй нæ хæхтæ, Уади дон нæ арф комы бынæй... Ома, адæм ма кæной фынæй!.. Алырдыгæй хъуыстысты гæрæхтæ. (Хъайтыхъты Г.) Ьлрис æмæ Георæн æмхуызон рауадысты сæ иннæ эпиграммæтæ дæр: Литфонды хардзæй дæ фæрныг къæбицмæ Скодтай сæрмагонд фæндæгтæ. Суанг, зæгъы, литфонды хардзæй дæхицæн Скодтай сыгъзæрин дæндæгтæ. (Мыртазты Б.) Литфонды хардзæй йæ фæллад ысуагъта, Литфонды хардзæй дæндæгтæ ныссагъта, Хордта зыдгæнгæ лæвар. «Агъæц, нæ литфонд!— йæхинымæр загъта,— Уадз ныр дæ хæрын мæ бар!» (Хъайтыхъты Г.) Цыдæр æнгæсдзинад ис мæнæ ацы эпиграммæтæм дæр (фьщцаг Георы у, дыккаг та — Камалы, æрмæст сæ чи раздæр фыст æрцыд, уый сбæрæг кæнын нæ къу- хы нæ бафтыди: сæ ныффыссыны рæстæг амынд нæу^): 1. Куы дын уаид фыссæджы хæс æмбæрст,— Куы йæ кæнис уæлдайдæр та æххæст, Уæд дын цырагъ æгас æхсæв фæдарин. Мæ сæр лыгмæ уæд раттин æз æрмæст, Дæ хæххыты дзæбæх ныхас куы ссарин. 2. Цæнкуылæй рантыст дунемæ дæ фыссæн сис, Æндæр дæ уал аз цъатайæ нæ саид... Ды искæд бон нывыл ныхас куы ныффыссис — Мæ ныхмæ нæ, мæ марæг дæр куы уаид!.. Эпиграммæ схонæн нæй Георы иннæ фыст «Хъылы- цы фырт»-æн: «Нæ фыссы хорз Хъылыцы-фырт — нæ лымæн. Цæй тыххæй уæд?—Æвзæр кæй фыссы, уы- мæн». Фаг æрмæг дзы нæй. Ноджы ма зæрдыл æрлæу- уын кæны Яковы афоризм: «Цæмæн дæ хъæлдзæг? Уымæн æмæ... нæ дæн æнкъард!» Лæг суанг хъыдзыйы æххуысæй дæр кæуыл нæ бахуддзæн’, ахæм ныхас хат- гай фенхъæлæм юмор æмæ’мæ рахæссæм адæмы тæр- зз
хонмæ: «Таучел у, фæлæ нын йæ баппа нырма æрдæг- фыхæй дæтты» (Мыртазты Б.). Эпиграммæ нæ саха- дыдта: иуæй ма ахæм хъуыды уыдй Калоты Хазбимæ («Хомæй ма дæтт ды мæнæн дæ кæрдзын — раст мæ зæрдæ дЗы ныккæрзы!..»), иннæмæй дзы юморы мыг- гагæй ницы ис. Бирæ уацмыстæ нæм фæзынди литературон давды тыххæй. Уый хуымæтæджы нæу: уыцы иу хъуыдытæ ’мæ фæлгонцтæ уæгъдибарæй рацу-бацу кæнынц фæй- нæхуызон авторты фыстыты... Нæ бæстæ у хæдзары хуызæн, арв — йæ цар, хæхтæ та йын — цæджындзтæ. Ацы нывы, куыд уынут, афтæмæй уа-диссагæй ницы ис. Фæлæ дзы алы рæстæджыты спайда кодтой Хъай- тыхъты Геор æмæ Мыртазты Барис. Уыйфæдыл Геор ныффыста эпиграммæ. Æгас ма куы уаид, уæд, æвæц- цæгæн, ахæм эпиграммæ ныффыссын Хъамбердиаты Мысостæн тынгдæр æмбæлди: цы фæлгонцы кой кæ- нын, уый æппæты фыццаг уый сарæзта: У солнца из золота дом за горой, А камень — опора для неба. («Ущелье») Ахæм факттæ иу æмæ дыууæ не сты, фæлæ сыл нал дзурдзынæн: кæй кой ракодтон, уыдон дæр фаг сты уавæр рявдисынæн. Литературæйы, уæлдайдæр та эпиграммæйьцканры, иу джиппыуагъд уацмыстæ кæй фæзыны7 уьшæТГ алыхуызон аххостæ ис: автор кæнæ графоман вæййы, кæнæ æрдзæй сыгъдæгзæрдæ нæ рахæссы, намæ цæ- уыл фысса, уый йын нæ вæййы. Фæлæ ма дзы иу ах- хосаг ис (уый дæр, кæй ранымадтон, уыдонима^ баст у): æгæр здахæм не ’ргом æрыхъусæггаг цыргъ ныхæ- стæм, уынгæй æрбахæсгæ анекдоттæм. Æмæ анекдот, йæ ныййарæджы чи нæ зоны, ахæм дзæгъæлзад са- бийæ уæлдай нæу. «Мæн у» зæгъæг ын нæй. Гъемæ уый фæдыл загъта-багътатæ, «мæн у, дæу у»-тæ сарæх вæййынц. Нæ литературæйы та тынг бирæ ис загъд- къахæн æмæ мастисæн эпиграммæтæ, «фыдыусы \лгъы- стытæ, фыдсыл усы фидистæ». Исчи нæ ныхмæ исты -куы ныффыссы, уæд æвæстиатæй нæ гæрзтæ рабæттæм æмæ — гъæйда-гъа! — иу эпиграммæ кæнæ,дародидæр фаг нал вæййы — хъуамæ йыл авд-авды йЩр^ыссæмТ Ли?ературæ æмæ чиныгкæсджытæ та нæ фæсонæрхæ- джы дæр нал вæййынц. 89
«Худт хъуамæ цæсгом гуыл-мызтæ ма кæна, фæлæ рухс»,— загъта францусаг поэт Жан Гюйо. Ноджы рох кæнинаг нæу: уыцы иу ныхас цалдæр хатты куы ра- кæнай, уæд нал ахады æмæ дæм фæстагмæ хъусæг нал уыдзæни. Плагиаты тыххæй нæм цы эпиграммæтæ ис," уыдо- нæн сæ хуыздæрыл банымаинаг у Ходы Камалы «Ны- хилаг фыссæгæн». Æдæппæт дзы цы æхсæз-авд дзыр- ды ис, уыдонæн с’ алы мыр дæр ахъаз у хъуыды цыргъдæрæй равдисынæн: Хай — уымæй, Хай — амæй. Фылдæр та — Хайямæй... Кæронбæттæны мæ зæгъын фæнды: нæ эпиграммæ ’мæ пародийæн сæ арæнтæ фæуæрæхдæргæнинаг сты. Литературон темæтæ дæр ахсджиаг сты, фæлæ хъуа- мæ ’хсæны хъуыддæгтæм ныфсхастдæрæй æвналæм. Демагогтæн, бюрократтæн, зæвæтысдæрджытæн, æнæ- бон кæнæ магуса уæвгæйæ бæрнон бынæттæм йæ бы- цъынæг чи тоны, ахæмтæн нырма сæ мыггаг нæма сыс- къуыд, æмæ сатирæйы цæхæрæй сæ ныхмæ карз тох хъæуы. Протекци, æхсæны исбонмæ ныхилын, хи гуьь лы бын арт æндзарын, æвæлмастдзннад æмæ ’пдæр ахæм низтæ фесафыны хъуыддаджы сатирæйæн æмæ юморæн сæ бон >бирæ у. Иу хъуыддаг ма: æвзæр нæ уаид, нæ эпиграммæты ’мæ пародиты хуыздæртæй чысыл антологи куы сара- зиккам æмæ йæ джиппы куы рауадзиккам, уæд.
^ПТ^Т^Т^ТП’^ТТ^ТТ^^Т^^Т^Т^ТТ^ТТьТТТ’ТТ^ гп т ТТ7 п; гп п; ХУЫГАТЫ СЕРГЕЙ АФ-ФДЗЫ БÆРКАД — ХУЫЗДÆРХЪУАГ (Цалдæр фиппаинаджы, 1983 азы нæ критикæйы цы уацмыстæ фæзынди, уыдоны фæдыл). Нæ литературæйы критикæйы кой куы фæкæнæм, уæд æдзухдæр мæ зæрдыл æрбалæууы, Павел Нилин Владимир Луговскойы тыххæй цы мысинаг ныффы- ста, уымæй иу дымыдисаг хъуыддаг: цæвиттон Лугов- скойæн йæ хæлар фысджытæ рахабыр кодтой, фыс- джыты клубы йын йе ’мдзæвгæтæ чидæр куыд тынг фаудта, уый тыххæй. Владимир Александры фыртмæ тынг бахъардта уыцы ныхас, æрæнкъард и, æмæ йын уæд йе ’мныхасгæнджытæ, цæмæй йын фенцондæр уа, уый тыххæй загътой: — Ныууадз-ма йæ! Уый ныхæстæ дæр истæмæ да- рыс? Йæхæдæг нырма иу нывыл æмдзæвгæ дæр куы никуыма ныффыста. Æнæзонд. — Нæ, нæ! Афтæтæ ма дзурут! — йæ хъуынджын æрфгуытæ сæм фæпыхцыл кодта Луговской.— Æппын- дæр æнæзонд нæу. Стæй æмдзæвгæтæ дæр хорз фыс- сы. Æмæ уыцы тæккæ ран æнæкæсгæйæ радзырдта йæ критичы æмдзæвгæтæй иу. Æмдзæвгæ æцæгдæр уыди иттæг хорз. Ацы хабар мах фысджыты ’хсæн нæ рауадаид. Уы- мæн æмæ махмæ ахæм фæтк ис: дæ фыстытæ дын ис- тæмæй рафаудта, ды дæр ын сыл ма бацауæрд. Уымæ гæсгæ æргом ныхас нæ цыди, цы уацмыстæ-иу нæм фæзынди, уыдоны тыххæй, æмæ нæ райрæзти нæ кри- тикæ, нæй нæм, уыцы литературон ахсджиаг жанры, дарддæр кæй ахæццæ кæнæм, ахæм традицитæ, нæй нæм уыцы куысты культурæ. Ацы цыбыр уацы цы цал- дæр фиппаинаджы зæгъынмæ хъавын, уыдоны фæдыл дæр — развæлгъау æй зонын — уыдзæни дæрзæг ны- хæстæ. Фæлæ гæнæн нæй. Шекспйр æй загъта, æн- хъæлдæн; раст ныхас зæгъын министры бынатæй дæр 91
хуыздæр у. Махæн дæр уый афон у, æмæ нæ литера- турæйы тыххæй раст ныхас зæгъæм. Уыимæ нæ лите- ратурæйы критикæйы тыххæй дæр. 19ьЗ азы рацыди Джиоты Хазбийы къаннæг чиныг «Литературон-критикоц уацтæ», æмæ нымадæй цал- дæр рецензийы, журнал «Мах дуг» æмæ газет «Рæст- дзннад»-ы чи фæзынди, ахæмтæ. Цалдæр ныхасы уал чиныджы тыххæй. Ис дзы цыппар уацы: «Мамсыраты Темырболат æ^мæ йæ критиктæ», «Ныхас Къоста æмæ нрон литературæйыл», «Хуыздæр сахуыр кæнæм Ко- цойты Арсены сфæлдыстад» æмæ «Повесты сюжет, йæ конфликт, йæ геройтæ». Ацы уацтæй лнтературон кри- тикæмæ хауы æрмæст иу — ранымады. фæстаг бынат кæмæ æрхауди, уый. Иннæ æртæ уацы сты литературæ-) иртасæн. Уымæ ’гæсгæ мæ фыццаг фиппаинаг у% чиныг жанрон æгъдауæй иугъæдон кæй нæ рауади, уый. Нæ разы куыд сты, афтæмæй сыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд нæ бон зæгъын у: фыццаг уацы, ома, Темырболаты тыххæй фыст чи у, уым ногæй ницы и. Автор дзуры, хæххон адæмы иу хай Туркмæ кæй алыгъд, уый пад- дзахы колонизаторон политикæйы аххос кæй уыди, Гутнаты Михал æмæ Ериханов раст кæй не ’вдыстоп, поэты сфæлдыстад æмæ а. д. Дыккаг уацы Джиойы-фырт æрлæууыд, Джусойты Нафи 1959 азы журнал «Дружба народов»-ы цы уац ныммыхуыр кодта — «Слово о Коста Хетагурове и осе- тинской литературе», зæгъгæ, уый ныхмæ. Уацы кæ- рæй-кæронмæ Хазби æмдзу фæкодта Нафиимæ. Нафи нуырдæм цы амыдта, уый Хазби æвдыста иннæрдæм. Чи зоны, бирæ рæтты Хазби раст у, фæлæ уац æиæ- хъæнæй дæр, багæды йæ кæнон, зæгъгæ, ахæм хъуы- дыйæ фыст кæй у, уый мæм хорз нæ кæсы. Литературæиртасæн у, Коцойты Арсены тыххæй цы уац ныффыста, уый дæр, æмæ йыл нæ ныхас кæндзы- нæн. Раст фиппаинæгтæ скодта Джиойы-фырт Бицъоты Гришæйы уацау «Газгайы чындз»-ы тыххæй. Раст ын бацамыдта йæ хъæндзинæдтæ. Критик авторы азым- джын кæны, характертæ нывæндыны хъуыддаджы ,æдзух дæсны кæй нæ разыны, уый тыххæй. «Авдакимы фæлгонц ныв кæнгæйæ,— зæгъы Джиойы-фырт,— ав- тор кæронмæ нæ бахынцта фæдгонцы мидл^ш^æ æмæ хицæн акпенттæ»^ Раст у аны хъуыды. Авдæйшы хуы- :зæн æм’баргæ лæг, уый хуызæн уæзбын, бадтзоиды «?
хицау ахæм худæджы уавæрты агуырдтаид цардæм- бал, ууыл зын баууæндæн у. Ацы уайдзæф канд Ав- дакиммæ нæ хауы — уыцы мидлогикæ алы хатт нæ ра- зыны уацауы иннæ характерты миднывæсты дæр. Ацы ран зæгъын æмбæлы иулхъуыддаг — уый канд Джиоты Хазбимæ нæ хауы, уый хауы не ’ппæтмæ дæр: исты критикон хъуыдытæ нæм куы фæзыны искæцы уацмысы фæдыл, уæддæр сын сæ зæгъын нæ бафæра- зæм, ныххылы-мылы вæййынц, чиныгкæсæгмæ фæхæц- цæ кæнын сæ нæ базонæм. Уый, æвæццæгæн, традици- тæ нæм кæй нæй ацы жанры, уымæн афтæ у. Критн- кон литературæ домы дзырдты æнæфехæлгæ баст, цæ- мæй гьщцыл æмæ фидар хъуыдыйæдты зæгъын фæра- зæм стыр æмæ фидар хъуыдытæ. Махæн та фылдæр хæттыты уæгъд змæлд фæкæнынц нæ дзырдтæ хъуы- дыйæдты, хъуыдыйæдтæ та тексты мидæг. Хæлд цæ- уынц æвзаджы домæнтæ дæр. Æрхæсдзынæн цалдæр цæвиттоны, ныртæккæ цы чи< кыджы кой кодтон, уымæй. Автор чиныджы цыппæрæм фарсыл фыссы: «Йæ рæстæджы царды цаутæм цы цæстæй фæкæсы (ома, фыссæг), цавæр цæстæнгас сæм фæдары, уыдæттæ фæбæрæг вæййынц йæ уацмысты». Дарддæр: «Уæд фыдæнхъæл фесты, бамбæрстой, сай- ды кæй фесты» (8 фарс). «Кæд æмæ Муссæйы хæрæ фырт уыди, уæддæр хæрæфыртдзинад нæ фæзынди ’поэты зондахастыл» (17 фарс). «Статья мыхуыргонд цæуы равзарыны охыл. Цавæр ног фарстатæ, цавæр проблемæтæ рахаста автор нæ литературон æхсæна- ды размæ, цæмæй йыл æрныхас чындæуа» (23 фарс). «Ирон литературæйы рæзты этаптыл дзургæйæ, автор "формæ мидисæй фæиртасгæйæ бафæлвæрдта ирон ли- тературæйæн характеристикæ раттын формæйæн ана- лиз скæнгæйæ». «Ирон литературæйы та къаддæр æмб.æлынц дыууæ- уæнгон стопатæ, уæлдайдæр та ямб. Нафи та фыссы...» Хъуыдыйæдтæй иу дæр нывыл арæзт кæй нæу, уый ба* фиппайдзæн алы чиныгкæсæг дæр, æмæ сæ мах нал æвзарæм. Афæдзы дæргъы журнал «Мах дуджы» рацыди дæс рецензийы, æнæуи, нæ литературæйы æмткæй кæнэ1 йæ искæцы сæрмагонд фарстатыл хицæнæй ныхас кæм цæуы, ахæм уац — иу дæр нæ. Рецензитæ сты кæрæ- дзийы æнгæс: цы чиныджы кой кæнан, уымæн йæ цы- быр мидис (кæд ын ис мидис, уæд), стæй дэы хорзæй 93
цы ис, уый æмæ кæронæй — фиппаинæгтæ. Фиппаинæг- тæ — къаддæр, кæнæ æппын нæ. Ахæм хуызы фыст вæййы, чиныгуадзæнæн цы рецензитæ фæкæнын кæ- нæм, уыдонæн дæр сæ фылдæр. Уæлдæр цы дæс рецензийы кой скодтон, уыдонæй мæм рæвдздæр фæкасти «Арвы айдæн»-ы зæххон цард» (Гусалты Барис. «Мах дуг» № 2). Ацы рецензи у æл- вæст æвзагæй фыст. Æргом кæны, чиныджы хорзæй цы ис, уый. Комкоммæ æдзæстхизæй амоны, куыст- хъуагæй ма дзы цы баззади, уыдæттæ. Критик раст зæ- гъы: «Æмткæй райсгæйæ психологон æгъдауæй уыр- нинаг у персонажты миддуне, сæ архайды нывæст — æнæаипп. Романы æвзаг хъæздыг, аивадон мадзæлт- тæй — ифтонг, æнæ уæлдай къæбæлдзыг». Ахæм хъуы- дымæ æрцыдысты, ивгъуыд аз роман «Арвы айдæн» æвзæрст кæм цыди, критикæйы секцийы уыцы æмбыр- ды чи уыди, уыдон дæр. Фæлæ афтæ зæгъæн нæй, æмæ уацмыс ахæм рауад, æрмæст æппæлгæ кæмæй кæнæм. Гусалы-фырт афтæ амоны, романмæ фьщцаджы-фыц- цаг азым цæмæй æрхæссæн ис, уый: «Фыссæг æгæргæ- нæгау æгæр фæци — аивадон уацмысы эстетикон до- мæнтæм гæсгæ фæбирæ сты таурæгътæ, фыдбылыз- тæ, æнæбайрайгæ хъысмæттæ». Тынг раст мæм кæсы ацы фиппаинаг. Æнæзæгъгæ нæй Айларты Измаилы уац «Цы пай- да хæссынц литературон фаззæттæ?» зæгъгæ, уый тых- хæй («Мах дуг» № 11). Афтæ мæм кæсы, æмæ критик раст аипп хæссы Цæрукъайы-фырты æмдзæвгæтæм. /Егæр ыл зыны йе ’мфысджыты æндæвдад. Уый цæст- мæ бадаринаг хъуыддаг у. Фæлæ мæнмæ гæсгæ, Хъам- бердиаты Мысосты, Токаты Асæхы, Цæрукъаты Тай- муразы æмæ Чеджемты Георы æмдзæвгæтæй цы цæ- виттонтæ æрхаста автор, уыдоны раз ницæмæй зылын сты Цæрукъайы-сЬырты æмдзæвгæтæ, семæ фæрсæй- фæрстæм цæуой чингуыты дæр, адæмы æхсæнмæ дæр, уый бар сын ис. Æмткæй райсгæйæ раст аргъгонд æрцыди чиныг «Мæ зарæг — Ирыстон», зæгъгæ, уымæн Мæхæмæттьг Ахуырбеджы рецензийы («Уæлдæр сисын хъуыд за- рæг», «Мах дуг» № 3). Æз йемæ не сразы дæн иу- цалдæр чысыл фарсты фæдыл. Ахуырбег фыссы: «Фи- дарæй афтæ зæгъæн ис, æмæ нæ литературæйы хъæз- дыгдæр хæйттæй иу у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цау- тыл цы уацмыстæ фыст æрцыдысты (растдæр уыда- 34
мд, æвæццæгæн, æрцыд), уыдон». Мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй та нæ цардвæндаджы къæпхæнтæй иу дæр афтæ фæлурсæй нæ разынди нæ литературæйы. Нæ фысджытæй бирæтæ фæцыдысты хæстмæ, сæ иутæ -æнусмæ хæстонтæй баззадысты, иннæтæ хорзæхтимæ л?рыздæхтысты, фæлæ сæ даргъ хъизæмары фæндаджы тыххæй ныронг дæр æххæст æмæ лæмбынæгæй нæма радзырдтой чиныгкæсджытæн. Фыдыбæстæйы хæсты кой нæм куы æрцæуы, уæд нæ цæстытыл ауайы Пли- ты Гришы «Салдат», зæрдыл æрбалæууынц Калоты Хазбийы æмдзæвгæтæ. Дарддæр Ахуырбег азымджын кæны чиныгаразджыты, хæстæй чи нал æрыздæхти, уыцы фысджытæй чиныгмæ Калоты Хазби æмæ Ко- чысаты Мухарбеджы йедтæмæ кæй ничи бахауд, уын тыххæй. Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ чиныг уац- мысты æмбырдгонд нæ, фæлæ тематикон æмбырдгонд кæй у. Ахæм æмбырдгондмæ та нæй алы бæзгæ уац- мыс бахæссæн. Ницы ис иумæйагæй литературон критикæ æмæ мæ- нæ ахæм рæнхъытæн, сæ фырадджынæй лæгыл изгард т-<и æфтауы: «Мыртазы-фвфт фидар æрхæцыд поэзийы тæлтæг æфсургъы рохтыл æмæ йыл тæхы гуыргъахъхъ .æмæ фарны фæндæгтыл иу æфцæгæй иннæмæ. Фæндаг -æдзух зæрдæйы фæндиаг лæгъз нæ вæййы. Барис-иу тæхгæ-тæхын бæхы рагъæй хаугæ дæр ракодта, йæхи- иу куы рог цæф фæкодта, куы уæззау цæф. Фæлæ та- иу ногæй, ныфсджындæрæй цыд поэзийы зын, фæлæ ирд уылæнты. Æмæ йыл ныр кæд азтæ сæ уаргъ æр- уагътой, йæ хæстон хъæдгæмттæ тынгдæр’сдудынц, уæд- дæр нырма йæ фæлмæст зæрдæйы раздæрау цыренæй •судзы рæсугъд æнкъарæнты зынг» («Мах дуг» № 7, 1983 аз). Рецензи хуыйны «Зæрдæйы минæвар», йæ явтор — Тыджыты Юри. Уыцы рецензийы ноджы кæ- сæм: «Чиныгæй кæлы топпыхосы фæздæг. Фыст у саа- даты уæззау фæндæгтыл, удуæлдай тохыл, бирæ фы~ дæбæттыл, фæразондзинадыл, хъару æмæ хъæбатыр- дзинадыл, знагмæ йæ æнæкæрон æнæуынондзинад земæ Райгуырæн бæстæмæ йæ æхсидгæ уарзондзина- дыл». Хорз уыд, æмæ уыцы æнæхайыр «дзннад» фыл- дæр дзырдтимæ нæ бакуымдта бæттын, æндæр, æвæц цæгæн, йæ ранымад ууыл нæ фæуыдаид автор. Афтæ ныллæг, кæнæ та ноджы ныллæгдæр у газет <"Рæстдзинад»-ы цы рецензитæ вæййы, уыдоны профес- сионалон æмвæзад дæр. Рецензиты автортæ сты Дар- 93
читы Дауыт, Цæгæраты Гиго, Тедеты Ефим, Тыджыты Юри æмæ Цгъойты Хазби. Æппæты фыццаг сæм азым цæмæй æрдарæм, уый — ныхас мидис æмæ аивадон фæрæзтæ нæ, фæлæ уыдоны алыварс кæй цæуы, уы- мæй. Критиктæ сæхи æвдисынц комментаторты хуы- зы, дæттынц методикон амындтытæ. Æрхæсс исты дæн- цæг æмæ йæ райхал, ацы рæнхъыты иыхас цæуы мæ- нæ ууыл æмæ ууыл, зæгъгæ. Уыимæ æнæхъуаджы, æдзæлгъæд ныхас. Байхъусут-ма: «Фыссæг йæ проза- икон уацмысты æвзагæй, зæгъай, аивадон нывтæй, ахо- рæнтæй, зæгъай, се ’ппæт дæр лыстæг сасирæй куыд луары, «Æрæгвæззæджы» уацмысты дæр, æвæццæгæн, афтæ йæ лыстæг сасирæй фæлуæрста» (Дарчиты Да- уыт. «Фыссæджы «Æрæгвæззæг». «Рæстдзинад» 12 август). Кæнæ: «Тедеты Ефим йæ ног чиныг «Урс до- ны былыл —сау фæрдыджы» нæ кæны æнæхъуаджы æмæ æнæбындур ныхас» (цыма йæ иннæ чингуыты æдзух æнæхъуаджы æмæ æнæбындур ныхас кодта). Æмæ дарддæр: «Йæ алы темæ дæр йе сфæлдыстадон авналæнтæй, ахорæнтæй сæрттивы». Уымæй чысыл дæлдæр: «Ефимы хъуыдымæ гæсгæ, поэзи у вулканы срæмыгъдæй, арты гуылфæнтæй тыхджындæр» (Ты- джыты Юри «Урс доны былыл сау фæрдыг». «Рæст- дзинад», 21 январь). Кæнæ: «Коммунисты ныгæнæн боны» ныхас цæуы, коммунисты куыд ныгæдтой, ууыл». Ацы фæстаг хъуыдыйæдты иттæг хорз зыны, авторы исты хъуыды зæгъынæй исты дзырдтæ зæгъын тынг- дæр кæй æндавы. Æндæр иугæр поэзи вулканы срæ- мыгъдыл абарстай; уæд ма йæ уыйфæстæ арты гуыл- фæныл кæдæм барыс?! Арæх вæййы афтæ дæр, æмæ критик цы зæгъынмæ хъавы, уымæн ницыхуызы вæййы æмбарæн: «Æмдзæв- гæ «Æрцындз» æмæ «Мæ къухвæллой»-ы автор æвди- сы, абон вазыгджын техникæ адæмон хæдзарады æп- пæт къабæзты йæ уидæгтæ арф куы ауагъта, æмæ уы- цы рæстæг сæ кой кæнын кæмæн нал хъæуы, ахæм цаутæ. Фæлæ сæ поэтикон удæй адæймаджы бафта- уынц тыхджын æнкъарæнтыл» («Рæстдзинад» 28 ок- тябрь). Ацы ран, æвæццæгæн, уайдзæф бакæнын æмбæлы, ахæм хылы-мылы фыстытыл йæ къух чи бавæры æмæ сæ типографийы чи бамидæг кæны, уыцы кусджытæн. Рецензитæ лæмæгъ фыст кæй вæййынц, ууыл нал дзу- рæм. Нæй — дурæй хъæбæрдæр. Фæлæ дзырдтæй кæ- 96
мæн кæм æмбæлы, уым сæ ма æрæвæр, цы хъуыды сæ ис, уый бамбарæн куыд.уа, афтæ, йæ уьщы бæрнон хæсмæ куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, уый ницæуыл нымайы сæдæгай æмæ мингай газеткæсджыты. Цы критикты кой ракодтон, уыдон Джиоты Хазбийæ фæстæмæ архайынц афтæ: ма йын фæрисса, йæ зæр- дæ ма бахуда, ма фæхъыг уа. Хаттæй-хатт та сын хор- зы бæсты бацæуынц фысджыты лæмæгъ рæнхъытæ. Тедеты Ефим Кокайы-фырты æмдзæвгæ «Уазæг»-æй æрхаста ахæм р&нхъытæ: Ныр кæрдинаг у^уæлвæз уыгæрдæн. Ссар мын райсоммæ ихсыд цæвæг. Зæгъы афтæ: «Царды гуылфмæ арфдæр бацæуыны тыххæй ист æрцыди дзырд «ихсыд цæвæг». Ау, æмæ йæ цæвæг ихсыддæр кæмæн уа, уый арфдæр бацæудзæ- ни царды гуылфмæ? Стæй «ихсыд цæвæг» дыууæ дзыр- ды куы сты, уæд сæ Тедейы-фырт иу дзырд цæй тыххæй хоны? Стæй дзырд «ихсыд» чи у, уый æмдзæвгæмæ хæрз æнæхъуаджы куы æрбахауди, мæнæ куыд фæзæ- гъынц, йæ рæсугъды тыххæй, æндæр хос кæрдынмæ йæ уд чи хъара, уымæн йæ цæвæг бынтон ихсыд куынæ уа, уæддæр ын мурдæр нæ уыдзæн. Абон цы критикон литературæйы кой кодтон, уымæн кæд йæ фылдæр хай йæ фæдыл фауæн ныхас расайд- та, уæддæр уый афтæ нæ амоны, æмæ къаддæр уадзыы хъæуы ахæм литературæ. Уый нæ, фæлæ хъуыддаг æвæрын хъæуы бынтон иннæрдæм: фылдæр фыссын æмæ фылдæр уадзын хъæуы литературон-критикон æр- мæг, журнал «Мах дуг», газет «Рæстдзинад»-ы редак- циты уæндондæрæй æвналын хъæуы, цы æрмæг сæм æрбахауы, уымæ. Уац ныхас расайдзæн æмæ уыцы ны- хас дард фехъуысдзæн, уымæй тæрсын нæ хъæуы. 4 Заказ № 393
"ТТТТТ7ТТТТТТТТТТТТТТТТТТТТТТТТ ТТТТТГТП ТТТТТТТТТТТТТТТТТТТТТ ЛЙЛАРТЫ НЗМАИЛ ЛИТЕРАТУРОН ФАЗЗÆТТÆ Алы аивадон уацмыс дæр чиныгкæсджыты ног хъуы- дытæ, ног æнкъарæнтыл æфтауы йæ аивадон тыхæн. Цыфæнды гыццыл куы уа аив нывæфтыд уацмыс, уæд- дæр йæ цæрдхъом, йæ арф хъуыдыйæ бахъары чиныг- кæсæджы зæрдæмæ. Бирæвæрсыг у царды æцæгдзи- над, йæ иу фæзындмæ дæр алыхуызы бахизæнтæ и, йаз равдисынæн — æнæкæрон фæлгонцтæ æмæ ахорæнтæ. Иу цаутыл фыст уацмыстæ царды æцæгдзинад алыр- дыгæй куы февдисынц, алыхуызты йæ куы сфæлгонц кæнынц, уæд се ’ппæт дæр вæййынц арфæйаг ноггуырд- тау. Фæлæ æмхуызон хъуыдытæ æмæ фæлгонцтимæ цалдæр уацмысы фæд-фæдыл куы бакæсæм, уæд ныь свæййынц изгарды хос, сæ иухуызон архайдæй сфæл- мæцæм. Алы уацмысы дæр царды æцæгдзинад хъуамæ æвдыст цæуа оригиналон хуызы, бæлвырдæй дзы зы- ной фыссæджы сæрмагонд æрмдзæф æмæ цæстæнгас. Иу автор иннæйы фæзмгæйæ уацмыс куы ныффыссы, уæд та æргомæй бацамоны кæсæгæн: у тæлмац, кæнæ фыст æрцыд уый фæзмгæйæ. Фæлæ байрох кæн дæхи æрдзон хъæлæс æмæ фæлхат кæн нскæй хъуыдытæ, уæд уый цавæр сфæлдыстадон куыст у? Ирон литературæйы сывæллæттæн иу æмæ дыууæ хæрзхъæд уацмысы фыст не ’рцыд. Фæлæ абон нæ ны- хасы сæр уыдзысты æнæуд, фæлхатгонд æфсиртæ. Цæрукъаты Валодя рæзгæ фæлтæрæн йæхи æрдзон хъæлæс æмæ æрмдзæфæй цы æмдзæвгæтæ ныффыссы, уыдон æхсызгондзинад æрхæссынц не ’ппæтæн дæр. Фæлæ йын, хъыгагæн, уыдонимæ лæг йæ чингуыты бакæсы, ирон æмæ уырыссаг фысджыты уацмыстимт æмхал-æмдих чи у, ахæм æмдзæвгæтæ дæр. Æрхæссæм дзы цалдæр дæнцæджы: ...Цон, доны баппарон мæхи, Æндæр кæмæ хæссон мæ хъаст.... 98
Æмæ дын донырдæм фæраст Кæугæ ’мæ еха-ха кæнгæ... Тæппуд тæрхъус, алкæмæй кæй тарст, уый тыххæй сфæлмæцыд йæ цардæй, фæлæ йæхицæй тæппуддæр хæфсыты къардиуæй донмæ сæхи ныккалгæйæ куы ауыдта, уæд дзыхыдзагæй ныххудт: Мæ сæр цæй афтид у, цæй тутт! Æз — иунæг, уыдон та — дæсæй! Ныфс бацыд тæрхъусы æмæ заргæйæ фæстæмæ раз- дæхт. Уый адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ ныффыста Токаты Асæх (Журнал «Пионер», 1 номыр, 1958 аз, æмдзæвгæ «Тæрхъус æмæ хæфсытæ»). Уымæй бирæ фæстæдæр Цæрукъаты Валодя йе ’мдзæвгæ «Чи у тæппуддæр?»-ы фыссы: Рауад та сырдты ’хсæн диссаг — Тæрхъусыл худтысты иууыл: — Мæнæ цы тæппуд у, ризаг, Чысыл хæппæй дæр ысхъиуы!.. Тæрхъус йæхимæ ысмæсты: — Алыбон ризыны бæсты Цон æмæ арф цад ссарон... ...«Былæй хи фехсон»— куыд загъта, Чидæр дзы фесхъиудта афтæ... Æмæ та Валодяйы таерхъус дæр ныххудти: — Хæфс у мæнæй дæр тæппуддæр! Фыссæг адæмон сфæлдыстадæй куы пайда кæна, уæд уый арфæйаг хъуыддаг у, фæлæ адæмон сфæлды- стадæй пайда кæнгæйæ фыссæг ногæй куы ницыуал фæзæгъы, уæд уацмыстæ рауайынц афтæ халдих, кæ- нæ та адæмон сфæлдыстадæй фæлурсдæр. Баситы Мысосты æмдзæвгæ «Иласы бæлас» 1947 азæй фæстæмæ сывæллæтты кæсыны хрестоматитæй нал фæцух, ирон сабитæ йæ æнæ чиныгмæ кæсгæйæ зонынц, фæлæ йæ уæддæр зæрдыл æрлæууын кæнæм: Уæд иубон кæцæйдæр æрхаста Илас Йæ къухы хæзнайау чысыл бал бæлас. Ныссагъта йæ кæрты нæ саби дзæбæх, Ысфæлмæн ын кодта йæ алыварс зæхх.. 4* 99
Уынынмæ йæмуади æртæ хатты бон, Фырбуцæй йæм хаста сæ къанауæй дон. Бæлас буц рæвдыдæй фæцъæх æмæ йæхи анвæзта: Йæ сыфтæр — æлæмау, йæ дидинæг — зад, Йæ бакастмæ зæрдæ кæм лæууы æнцад... Лæгæн йæ хистæры хорзæй бафæзмын арфæйаг хъуыддаг куыннæ у. Валодя дæр Мысосты бæласы хынцмæ асагъта сæнæфсир бæлас: Фæлмæн зæхх ыскъахтон нæ хæдзары раз Æмæ дзы ныссагътон сæнæфсир бæлас. Мæ зæрдæ йæм райы, фæкæнын ыл дои Мæ гыццыл ведрайæ дыууæ хатты боы... Ацы дыууæ æмдзæвгæпы сты халдих хъуыдыйæ, фæлгонцтæй, суанг рифмæтæ, ритмпкæйæ дæр, æрмæст ма Валодя рæнхъытæм хицæн дзырдтæ афтыдта, стæй йæ бæласыл Иласау æртæ хатты нæ кæны дон, фæ- лæ — дыууæ хатты: Цæрукъайы-фырт арæх ратæлмац кæны иннæ æв- зæгтæй дæр, фæлæ дзы кæсæгæн хатгай оригнналты авторты нæмттæ бацамонын ферох вæййынц, афтæ арф аныгъуылы сæ зæрдæисгæ* фæлгопцты. Фæлæ нырык- кон кæсджыты цæст уынаг у, дардыл хъуыды кæнынц зæрдæргъæвдæй. Агния Бартойы æмдзæвгæтимæ ирон сывæллæттæ рагæй зонгæ сты. Йæ иу æмдзæвгæйы («Завитушки») худы, тыхкъæбæлдзыг йæ сæр чи скод- та, ахæм æрыгон чызгыл: Без конца вздыхала Клава: — Если б я была кудрява, Я б, как в сказке царь-девица, Всех затмила красотой. И решила ученица Появиться завнтой. Йе ’мбæлтты уайдзæфæн æрæджиау сагъæсхуыз^й дзуапп радта: Я и в правду чуть жива! Я металась на подушке: — Спать мешали завитушки — Вся в бумажках голова... Цæрукъайы-фыртмæ дæр уымæ гæсгæ фæзынд ирон «Пехцелкæ». 100
...Сæрыхъуын æппын нæ фасы, Æмæ йын ныффист æгасæй. Уæртæ дзы зыны хæтæлтæ, Бумбулитæ ’мæ къæцæлтæ. Адæмты ’хсæн хæлардзинад фидар кæныны хъуыд- даджы фыссæджы аив ныхас бирæ ахады. Интерна- ционалон хъомыладон темæйыл фыст у Валодяйы æм- дзæвгæ «Мах» дæр: Махæй чи цæры хæхбæсты, Чи быдыры, чи та кæм — Хур кæм байзæры йæ хъæстæ, Кæнæ их кæм бады цæм. Махæй чи кæсгон, уырыссаг, Чи — мæхъæлон, чи — ирон. Чи — казахаг, белорусаг, Чи — тæтæйраг, чи — кæцон... Фæлæ уыцы хъуыдытæ Сергей Михалковы æмд^æв- гæ «Мæ хæлары» бæрæг ирддæрæй æвдыст æрцыды- сты, стæй бирæ раздæр: В Казани он — татарин, В Алма-Ате — казах, В Полтаве — украинец, И осетин — в горах. Он в тундре — на оленях, В степи на — скакуне, Он ездит на машинах, Он ходит по стране. Сфæлдыстадон куысты, иу хатт ма йæ зæгъын, ис ахæм уагæвæрд: иннæ фысджыты уацмыстæй нæ зæр- дæмæ цы фæцæуы, уый бæстон ратæлмац кæнæм ав- торы ном бацамонгæйæ, науæд æй бафæзмæм уымæ гæсгæ æндæр уацмыс ныффысгæйæ. Ахæм заман тæл- мацгæнæг, кæнæ бафæзмæг хъуамæ бацамона: тæлмац, бархи тæлмац, уый фæзмгæйæ. Ахæм амындтимæ кæ- сæджы зæрдæ дызæрдыг дæр нæ кæны, худгæ дæр. Вæййы ма афтæ дæр: кæддæр бакастæ зæрдæмæдзæу- гæ æмдзæвгæ, бахъуыды йын кодтай йæ рæсугъд^хъуы- дыты нывæст, йæ аив фæлгонцтæ, фæлæ дæ фæстагмæ байрох цæ автор, æмæ уыцы фæлгонцтæ дæхи æмдзæв- гæйы кæмдæр æнæрхъуыдыйæ бынат ссардтой. Ахæм 101
иу хатты рæдыдæН’Ис ныббарæн, фæлæ уыдон æгæр куы сарæх вæййынц, уæд та дзурæг сты еæ авторы ныллæг курдиатыл, цьгбыр зондыл. Фыссæгæн иннæ фысджыты уацмыстæ нæ кæсын кады нысан нæу. Лæм- бынæг кæсгæйæ æппæт авторты лæг нæ бахъуыды кæн- дзæни, фæлæ йын уыцы лдемæгъдзинадимæ комкоммæ ныхилыны бартæ дæр нæй. Æрмæстдæр барæй ныхил- гæйæ ис равзæрæн мæнæ ахæм литературон фаззæттæн; А. Барто «Если буду я усат»: Захотел иметь усы Маленький Геннадий: — Отращу себе* усы, Сразу стану дядей. Отпущу себе усы. Сделаюсь взрослее, Буду целые часы Прыгать по аллее. Скажут люди про меня: — Ъ.у, с какой же стати Отдыхать в кровати? Цæрукъаты Валодя «Æз куы слæг уон»: Æз куы слæг уон, уæд- иу ихыл Бон-изæрмæ хъаздзынæн. Рауадздзынæн уæд æз рихи, Куывды фынгыл баддзынæн. Чи ма хыл кæндзæн мæнимæ: «Цæй, ныууадз фыдуаг митæ?» Чи ма мын зæгъдзæн нæхимæ: «Макæдæм цу — саби дæ!» А. Барто «Муха»: Алеша рад: пришла весыа, В саду тепло и сухо, И в классе около окна Жужжит сегодня муха. Он стал за мухой наблюдать: В окно она влетела, Она то сядет на тетрадь, То на кусочек мела. Она под самым потолком Летает в ярком свете, 102
А вниз спускается пешком По стенной газете... Умчалась муха налегке, А он теперь не в духе — Замечанье в дневнике Из-за этой мухи!.. Когда вину свою признать Не хватает духа, Можно муху обвинять: «Виновата муха!» Цæрукъайы-фырты «Бындз»-мæ дæр байхъусæм, уый дæр къласмæ батахт, æмæ йыл йæхи ирхæфсы бынтон фæстæзад скъоладзау: Уый æгæр дис кодта бындзыл, Бындзыл уыд æрмæст йæ мæт. Бындз-иу ку ’абадти йæ фындзыл, Сурын æй нæ уагъта уæд. ...Цармæ цæстытæ ныццавта, Катайæ тъæбæртт кæнынц... Уалынмæ фæдзагъыр, загъта: — Скæсут-ма; фæхилы бындз! ...Уый æгæр дис кодта бындзыл: «Дæлæ», «уæлæ», «мæнæ»— бындз! Бындз-иу баныхæста фындзыл, Æмæ афтæмæй «фæбындз». Цæрукъайы-фырты ацы æмдзæвгæ Бартойы æмдзæв- гæйæ дзæвгар даргъдæр у, фæлæ йæ мах æрхастам цыбыргондæй: ирон чиныгкæсæгæн дзы ногæй ницы- уал загъта даргъ арвистон ныхасæй уæлдай. Дзасохты Музаферы æмдзæвгæ «Мæ рагуалдзæг, мæ царды хуыздæр азтæ» 1964 азы фыст у, æмæ йæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм: Мæ рагбонтæ, кæм æмбæхст ыстут тары, Мæ сусæгæй кæм бафснайдтат уæ сæр? Кæцæйдæр ма мæм райхъуысы уæ зарын Æмæ уæ рæсугъд базырты пæр-пæр. Кæд мæ фæндагыл иунæгæй ныууагътат, Сымахæй рахъаст нæу уæддæр мæ бон. Æвзонгæй мын цы стыр хъарутæ радтат, Мæ балцы уыдон скодтой мæн уæндон. Уыцы хъуыдытæ Цæрукъайы-фырт бынтон цæрмы- 103
стыгъдæй равдыста 1974 азы йе ’мдзæвгæ «Мæ уар- зон Иры сабион фæлтæр»-ы: Цы мын фестут, мæ пыхцылсæр цъæх бонтæ, Нæ быдырты мæ бæгъæввад тъæбæртт, Æмбæлтты къорд, нæ сабийы кæнонтæ, Мæ дамгъуат чиныг — сидзæрæн æлхæд?.. Фæтахтыстут... Уæ базыртæ ныццагътат... Уæддæр нæ дæн сымахæй æз хъæстаг: Фæндаггаг мын цы.уды сыгъдæг радтат, Мæнæн уый у цæргæ-цæрæнбон фаг. 1983 азы «Мах дуджы» 7 номыры Цæрукъаты Вало- дяйæн рацыд йемдзæвгæты цикл сывæллæттæн. Фыц- цаг æркастæй мæм оригиналон фæкастысты æмæ сыл бацин кодтон: ноггуырд кæддæриддæр арфæйаг у, сы- вæллæтты зæрдæмæ дæр куыннæ фæцæудзысты, уæл- дайдæр æмдзæвгæ «Хæдон». Хъустæ зæлланг кодтой йæ дзырдтæй: ...«Апполлон-Цæдис», «Колорадо», «Техас», <Ыагадор», уæд — «Корридо»... Цы амонынц а дзырдтæ,— ма дом, Нæ дын дзы зæгъдзæни сæ иу дæр (ома хæдоны хицау) Гъе фæлæ мæм кæйдæр æмдзæвгæйы æнгæс фæ- каст, æмæ æрæджиау Сергей Михалковы æмдзæвгæ «Модное платье» зæрдыл æрлæууыд: Привезли в подарок Кате Заграничный сувенир — Удивительное платье! Отражен в ней целый мир. Вкривь и вкось десятки слов— Все названья городов: «Лондон», «Токио», «Москва» — Это только рукава! На спине: «Мадрид», «Стамбул», На груди: «Марсель», «Милан», «Рим», «Женева», «Тегеран»... Зындгонд сты чиныгкæсджытæн мæнæ ацы адæмон сфæлдыстады рæнхъытæ: «Один, два, три, четыре, пять, вышел зайчик погулять». Уыдоны дæр ма йæхи бакодта, Цæрукъайы-фырт: 104
Дыууæ, цыппар, æхсæз, аст... Тæрхъус хизынмæ фæраст... Абоны сывæллæттæ тынг цымыдис сты, бирæ цы- дæртæ зонынц æмæ фыссæгæй домынц ног хъуыдытæ, ног аив уацмыстæ. Дзæгъæлы цоппай æмæ уæгъд ны- хасæй сын сæ зæрдæ нал балхæндзынæ. Сыг-ъдæг уды- хъæдимæ абоны фыссæджы хъæуы фæзминаг граждай- наг цæсгом, цæмæй йæ алы хъуыды дæр уа царды æцæгдзишад æмæ аивады тыхæй йæ фæдыл хона рæзгæ фæлтæры.
7Т7Т77ТТ777ТТТ7ТТ7ТТ777ТТТТТТТТ77ТП ТТТТТТТТТТТТТТТТТГТ7ТГТ7Т77 УАЛЫТЫ ЛАВРЕНТ ЗАРÆГ АДÆЙМАДЖЬГ- РÆСУГЪДДЗИНАДЫЛ «Фæззыгон най»... Дзесты Куыдзæджы фæстаг лæ- вар чиныгкæсджытæн. Фыссæг ирон литературæйы цы бынат æрцахста, ууыл бирæ фæфыстой. Мæн цыбырæй зæгъын фæнды йæ фæстаг чиныджы тыххæй. Куыдзæг арф уидæгтæ ауагъта ирон литературæйы. Уыцы уидæгтæй иу у «Фæззыгон най». Ам ис цалдæр радзырды æмæ уацауы. Радзырд «Сылгоймаджы ре- волюци»-йы сæйраг архайæг у хуымæтæг колхозон Би- бо. Куыдзæг ын йæ фæлгонц афтæ аив, афтæ дæсны сныв кодта, йæ миддуне йын афтæ арф равдыста, æмæ чиныгкæсæджы цæстыты раз сысты цардæгасæй. Фыс- сæг ацы радзырды, стæй йæ иннæ уацмысты иуæй-иу- тау йæ геройтæн не сныв кодта лæгъз æмæ раст фæн- даг,— раст фæндагмæ æрцæуынц бирæ зындзинæдтæ* бавзарыны фæстæ. Царды фæзилæнтæ сæ уылæнтау фæраппар-баппар кæнынц, цалынмæ сæ бæллиц сæх- хæст вæййы, уæдмæ. Адæмы змæлд æмæ тох цыдысты. абухгæ денджызау. Бибо уыцы денджызы уыд иунæг, дард — революцийы хъуыддæгтæй, нæма бамбæрста адæмы хъæр. Æмæ ууыл йæхæдæг дæр сæтты: «Раст дын куы зæгъон, уæд уыцы рæстæджы нæма зыдтон бæстон, кадеттæй, большевиктæй чи цæуыл дзурæг у. Фæлæ урсытæм куьг бахаудтæн, уæд тынг хорз бамбæрстон, чи цæмæ тырны, уый». Чи зоны, Бибойæн исчи куы дзырдтаид, кадеттæ мæ- гуыр адæмы знæгтæ сты, большевиктæ та — сæ фарс- хæцæг, зæгъгæ, уæд æй нæ бамбæрстаид. Уымæн æмæ Куыдзæджы герой ахæм зондыл хæст у: мин хатты фехъусынæй иу хатт фенын хуыздæр у. Бибо федтаæцæгдзинад йæхи цæстæй, æнæнхъæлæ- джы цы кадетты къордмæ бахауд, уый партизантимæ куы схæцыд, уæд. Уыцы тох Бибойы æркодта раст фæндагмæ. Иуахæ- 106
мы йæ тсадетты афицер айста йемæ, цæмæй пулеме- тæйæхсæджы æрцахсой. Партизан удуæлдай тох код- та, фæлæ йæ нæмгуытæ фесты. Цалдæр æхсты ма фæ- кодта дамбацайæ, стæй йæ уæд æрцахстой. Бибо йæ цæстытыл ныххæцыд: пулеметæйæхсæг разынд сыл- гбймаг. «—Баджигул æм кæн! —дзуры мæм афицер. — Нæ бакæндзынæн, — хъæбæрæй загътон æз, æмæ уырыссагау цас мæ бон уыд, уыйбæрц бамбарын код- тон, ирон адæммæ худинаг у, нæлгоймаг сылгоймагмæ джйгул кæна, уый. — Кæмæ дзурын! — фæтъæнг та ласта афицер æмæ февнæлдта йæ карды сæрмæ. Бибойæн дæр йæ къух андæгъд йæ карды сæрыл. Афицер бамбæрста, тæппудтæй кæй нæу, æмæ фыдбы- лыз къахын нæ бауæндыд. Йæхæдæг февнæлдта сыл- гоймагмæ. Æрцыд æвирхъау цау. Сылгоймаг æнцад лæууыд йæ мидбынат, хъæбатырæй каст йе знагмæ. Афицер ын джигулæфсон йæ риутæм куы февнæлдта, >æд йæ къух дард фæхаста æмæ афицеры былтæн— хафт». Афицер æнæгъдау ми кæнынмæ æрхъавыд æмæ сыл- гоймаджы йæ быны скодта. Ахæм ныв фенгæйæ Би- бойæн йæ туджы райхъал фыдæлты æфсарм, ирон лæ- джы хæс сылгоймаджы раз, æнæуынондзинад адæй- маджы ном чъизигæнæгмæ. Æмæ йæ кардæй афице- ры сæры фахс æрсаджил. Фыссæг чиныгкæсæджы æркæны ахæм хатдзæгмæ: лдæймагæн йæхицæй аразгæ у йæ амонд, йæ сæрибар- дзинад, йæ намыс бахъахъхъæнын. Цавæрфæнды уа- вæрты дæр хъуамæ баззайа сæрыстырæй, сыгъдæгæй, хъахъхъæна адæймаджы ном. Куыдзæг радзырды сныв кодта хуымæтæг колхозоны пвгъуыд цаутæй иу. Æмæ йыл мах æууæндæм. Царды æцæгдзинад у, зæгъгæ, канд уый тыххæй нæ. Дзесты Куыдзæг йе сфæлдыстадон куырдадзы хорз бахсыста Бибойы фæлгонц. Схай йын кодта ирон адæмы раппæ- лннаг, цардхъом миниуджытæ. Бибо уарзы йе ’мтуг лдæмы цæрæццагдæр æгъдæуттæ æмæ сæ хъахъхъæ- ны. Уый цин кæны, революци сæм цы хорз миниуджы- тæ бахаста, уыдоныл... Революцийы рухс æнхъæвзы йæ иннæ радзырдты тугдадзинты дæр. Абоны ирон чадæмы ахаст динмæ Куыдзæг хорз равдыста йæ цыбырдæр радзырдтæй 107
иу — «Сыгъзæрин дзуары»-ы. Ацы радзырд нывæст у уæздан, хиуылхæцгæ ’юморæй. Цæстыты раз киноны- вау сыстынц хъæлдзæг лæппуты сурæттæ. Мæнæ сæ хæрæгимæ иу ранмæ æрхæццæ сты. Сихор акæнæму зæгъгæ, æрбадтысты. Хæрæгæй уæргътæ нæ систой. Куыдзæг фыссы: «Зурапп йæ тæккæ кувынмæ куы ба- хæццæ, уæд кæсын, æмæ»: ...Гъæйтт, дæ хицауы фæ- нычы куыд стылдтæ! — хæрæг йе ’рагъыл ратул-батул кæны. Бæргæ ма йæм базгъордтон, фæлæ цы!" Цыхты- тæ ныцъцъæл сты, дзуары нывмæ дæ фыдгул куы ба- кæсид!.. Фындзæй’дæлæмæ дзы ницыуал бæрæг уыд!» Хæрз чысыл ныв. Фæлæ куыд бирæ хъуыддæгтыл дзуры! Фæцис сæ рæстæг дзуæрттæн, сауджынтæн, моллотæн. Æмæ сын раздæхæн нал ис фæстæмæ. Фыссæг дзуары нывы кой кæм кæны, ис ма йæм æн- дæр ахæм радзырд дæр. «Хынцфарст амырыкаг», зæгъ- гæ, уым автор æвд^сы советон адæмы рæсугъд хъуыД- дæгтæ, абоны йрон лæджы ахаст динмæ. Амырыкаг бæлццон хæхты тезгъогæнгæйæ кæмдæр федта дзуарьг ныв. Лæгъстæ кæны йе ’мбæлццон иронæн, цæмæй йын æй ауæй кæна. Фæлæ йын æй хохаг лæвар радта. Уыи стыр диссаг фæкаст амырыкагмæ. Уымæн æмæ дзьг уый сæхнмæ бакусдзæн бирæ æхца. Авторы хъуыды ахæм у: дин у капитализмæй баз- заАæггаг æмæ уадз йе ’щæг дунемæ афæндараст уæд. Царды чысыл хъуыддæгтæ нæй. Æппæтдæр аразгæ у фыссæджы курдиатæй, къæрцхъусдзинадæй. Куы- дзæг уыд къæрцхъус. Махæй иуæй-иутæ гыццыл хъуыддæгтæ кæй хонынц, уыдон уый аивадон куырда- дзы бахсидгæйæ систы царды тых. Æмæ уым ис йæ хъару, йæ рæстдзинад, йæ курдиаты зынг. Æз бирæ хæттыты федтон зæронд сылгоймæгты, зæ- ронд лæгты ингæныл дидинджытæ æвæргæ, фæлæ арф никуы ныхъхъуыды кодтон уыцы уæздан æгъдауыл. Федта сæ Куыдзæг дæр, æмæ йын йæ зæрдæ бацагайД- та адæймаджы уæздандзинад, сæрыстырдзинад. Радзырд «Æвддæс мин цæрынхъуаг адæймаджы» сæйраг герой у Темыр. Раджы кæддæр йæ фыдимæ стыр хъизæмæрт;тæ чи баййæфта хохаг хъæуы, быды- ры хъæутæм æххуырсты кусынмæ чи цыд, уымæй нал рох кæны йæ фыды зонгæ уырыссаг большевик Иван. Уый ныгæд æрцыд æфсымæрон ингæны. Зынгхуысты- тæ сæ зæрдæтæй ссыгътой æнусон арт. Темыр, Иван æмæ уый æмбæлтты нымайы стыр зианыл. Уымæн æмæ 108
йын «уыдон радтоп, адæпмаг адæймаг цæмæй у, уыцы миниуджытæ: сæрибар, сæрыстырдзинад, лæджы ном. Уыцы стыр хæзнаты сæраппонд мингай адæймæгтæ революцийы рæстæджы ныккалдтоп сæ туг. Æмæ уы- доны ном хъуамæ макуы ферох уа...» Куыдзæджы геройты æхсæн ис, цард размæ кæуыл цæуы, уыцы уæрдоны цæлхыты хънлтæ чи тъыссы, ахæмтæ дæр. Уыдонæй иу у «Базы хицау»-ы сæйраг архайæг Гуывызыхъо. Цæмæй нæ цæстытыл ауайа, уый тыххæй æрхæсдзыстæм7æрмæстдæр иунæг хъуыдыйад /<Рагæй нырмæ дæр адæм ахæм уавæр бафиппайд- юй: йæ гуыбын дзаг цы адæймагæи уа, уымæ, дам, афтæ кæсы, цыма нæ сæр дæр зондæй йæ тæккæ дзаг у...» Рæстдзæвин хъуыдыйад! Раджы заманы дæр æмæ ныр дæр ирон адæм куывд- тæ кæнынц, лæгдзинад-иу чи равдыста, ахæм гуырдæн, дард фæндагыл-иу хъуыддаджы фæдыл кæй фæнда- раст кодтой, уыдонæн. Фæлæ цымæ цавæр æгъдау у ахæстонæй рацæуæг æвзæргæнæгæн куывд кæнын. Куыдзæг уыцы æгъдау дæлдзинæг кæны пæ радзырд «Æргом ныхас»-ы. Тамбийæн йæ фырт Сарбег æнах- хос лæппуйы кардæй кыццавта. Ахæстоны абадт. Фæ- стæмæ куьг æрыздæхт, уæд ын ныййарджытæ, цыма стыр сгуыхтдзинад сарæзта, куывд кæныныл ныллæу- уыдысты. Тамби сыхæгтæм хонæг арвыста. Ничи сæ фæзынд. Уæд хонæг йæхæдæг ацыд. Æмæ йын йæ хорз сыхаг æргомæй йæ хъуыды загъта, зæгъгæ, фыдгæнæ- гæн куыд хъуамæ кувон. «— Омæ, Хъауырбег ,куы ма дын æй загъ/гон, уæ- дæй ардæм æхсæз азы рацыд, æмæ кæд уыцы æнамонд ныртæккæ раст фæндагыл лæуд у, уæд та? — загъта’ ма Тамби... — Фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй! — фæурæдта йæ Хъа- уырбег.— Раст фæндагыл зæгъыс? Æмæ уый базоны- нæн дæр иуцалдæр мæйæ фылдæр нæ хъæуы. Æмæ кæд уый раст разына, уæд дын „ард хæрын арв æмæ зæххæй, стæй нæ хæлардзинадæй, мæхæдæг ын скуывд кæндзынæн. Ай дын мæ мæрдты къух!» Куывд цины хъуыддаг у. Æмæ йын хъуамæ стыр æфсон уа. Лæг паддзахады мулк бахордта, ахæстонæй фервæзт йæ хиндзинæдты фæрцы æмæ та — куывд. Уыцы хъуыдытæ рæсугъд загъта радзырды автор. «Адæймагæн йæ конд афтæ у: милинæ æмæ тæрхон- доны фыдæхæн иуцасдæр фæраз^г, фæлæ адæмы фы- 109
дæх! Сыхбæсты æмæ хицæутты фыдæх! Нæ, уыдон фы- дæхæн, уыдон хъодыйæн ничи бафæраздзæн». Фæлæ уæддæр Дзесты Куыдзæджы «Фæззыган най»-ы, чиныгкæсæгæн уарзон чи у, ахæм геройты фылдæр хай сты сыгъдæгзæрдæ, фæллойуарзаг, ныфс- хаст æмæ адæмæн уарзон. Куыдзæг йæхæдæг царды фæндæгтыл бирæ хъизæмæрттæ баййæфта. Фæлæ ра- зынд хорз зæрдæйы хицау æмæ йæ разы æрæвæрдта лæгдзинадыл зарыны хæс. Уый йæ къухы бафтыд. Бирæ хорз фæлгонцтæ са- рæзта ирон прозæйы. Æмæ та иæ ацы чиныджы дæр сæмбæлын кодта, йæ удыхъæд бæлиццаг кæмæн у, ахæм адæймæгтимæ. «Фæззыгон най»-ы ахадгæдæр уацмыстæй иу у уа- цау «Фæндагсар Уастырджи». Уацауы сæйраг герой- тæ Дзаххо æмæ Дзитта сты нарты Уырызмæг æмæ Сатанайы хуызæттæ. Дыууæйæ дæр сæ уæздандзинад рахастой сæ фыдæлтæй, адæмон сфæлдыстадæй. Уацау кæронмæ каст куы фæдæн, уæд мæ зæрдыл æрлæу- уыд иу сылгоймаг. Уый царди Хуссар Ирыстоны Чы- ниалайы хæхты, фæндаггæрон. Цард зыбыты иунæгæй. Иæ ном хуындис Нинæ. Аст-дæс километрæй æввахс- дæр æм цæрæг нæ уыд. Æхсæвыгæтты йæ ныллæг къæ- сы кæддæриддæр сыгъд фæтæгены цырагъ. Уый тыхст фæндаггæтты здæхта йæхимæ. Хæхты ахæм иугай хæ- дзæрттæ чысыл нæ уыд. Нинæйы æнгæс сты Дзаххо æмæ Дзитта дæр. Дыууæйæ дæр сæ æцæг нæмттæ бамбæхстой. Нæ, фыдгæнджытæ нæ уыдысты, фыдгæн- джытæй фæлыгъдысты Дыгургомæй Ручъы æфцæгмæ. Сæ иунæг фырт Дзамболат нал ныббыхста æлдары фыдмитæн æмæ адæмы знæгтæй иуы туг ныккалдта. Дзамболат алыгъд хъæдмæ. Мад æмæ фыд нал ба- зыдтой, цы баци, уый. Æмае ма мад æмæ фыдæн дæр уым цæрæн кæцæй уыд. Æцæгæлон, фæлæ сæхи хуы- зæн зындзинæдтæ чи æвзæрста, ахæм адæм сыл сæм- бæлдысты хиуæттау. Дзаххо кусын райдыдта—арæзта фæндаг. Йæ цард- æмбал Дзиттаимæ хæдзар сарæзтой, æппыидæр цæ- рæг кæм нæй, ахæм ран, фæндаджы былыл. Мæгуыр хохаг цы хъизæмæрттæ æвзæрста, уый Куы- дзæг хорз равдыста Дзаххо æмæ Дзиттайы сурæттæ ныв кæнгæйæ. Царды зындзинæдтæй не ссау сты лæг æмæ усы зæрдæтæ. Сæ артдзæст ссис адæмæн уарзон, хуссарæй цæгатмæ сæ кады ном айхъуыст. Дзаххо 110
æмæ Дзиттайы зæрдæты рæсугъд æгъдау стыр дисса- гæн фæхаста Уæрæсемæ геолог Никъала. «Ацы комы мæ ном чи нæ фехъуыста, ахæм лæг нæй. Æмæ фидарæй мæ бон зæгъын у афтæ: мæ зианр фехъусгæйæ рæстаг адæмæй иу дæр афтæ нæ зæгъ- дзæн: «Æгайтма ныммарди»,— зæгъы Дзаххо. Дзаххо тæссаг æхсæвты ацæуы æфцæгыл рахизæн- мæ. Кæд, мыййаг ,исчи фæдзæгъæл. Стыр фыдæбæттæ баййафы бæлццæттæн æххуыс кæнгæйæ. Фæлæ уый- хыгъд йæ зæрдæ ныррухс вæййы, искæй тæссаг уавæ- рæй куы фервæзын кæны, уæд. Дзаххойæн йæхи халдих у йе ’фсин Дзитта дæр: «Фæндаггонтæ куы ныххæццæ сты, рухс кæцæй калд, уырдæм, уæд федтой, ныллæг хæдзары тъæпæн сæр’ лæууы ацæргæ сылгоймаг æмæ йæ рахиз къухы бæр- зонд дары судзгæ нæзы цырæгътæ, галиу къухæй та йæ бæзджын кæлмæрзæны кæронæй асæрфы йæ цæс- сыгтæ. Йæ къæхты бын зйлдух кæны чысыл къæбыла æмæ нал æнцайы йæ рæйынæй». Цавæр ахадгæ фæрæзтæ, ахорæнтæ ма ис ссарæн хохаг зæронд усы сурæт равдисынæн! Мæнмæ гæсгæ сæ Куыдзæг ссардта æмæ цæстуарзонæй снывæста зæрдæмæхъаргæ, æнæферохгæнгæ сурæт. Афтæ мæм кæсы, цыма Куыдзæг йæ чиныджы цы бпрæ фæлгонцтæ сарæзта, уыдон æхсæн Дзаххо æмæ Дзитта стъалытау æрттивынц. Дзесты Куыдзæджы æвзаг у рæсугъд, уый суадонау æнæферхæцгæйæ цæуы зæрдæйы арфæй æмæ зарæгау хъары, ирон æвзаджы аивдзинад, хъæздыгдзинад чи- æнкъары, уыдоны зæрдæтæм.
СÆРГÆНДТÆ Калоты Г. Фыдыбæстæйы хæсты темæ ирон поэзийы Ходы К. «Мыййаг, хæсты быдыры искуы...» Ддеиоты X. Къостайы æмдзæвгæ «Фсати»-йы композици1 Малиты В. Уарзондзинады лирикæ ирон поэзийы Джыккайты Ш. Стыр фурдæн — стыр уылæн Гусалты Б. «Арвы айдæн»-ы зæххон цард Хъодзаты Æ. Худæн бонтæ ...... Хуыгаты С. Афæдзы бæркад — хуыздæрхъуаг Айларты И. Литературон фаззæттæ . . . . Уалыты Л. Зарæг адæймаджы рæсугъддзинадыл Составитель К. X. Ходов СЛОВО И ДЕИСТВИТЕЛЬНОСТЬ Литературно-критические статьи Редактор И. Р. Цомартов Художественный редактор У. К. К а н у к о в Технический редактор А. В. Я д ы к и н а Корректор А. Г. Царакти Ш№ 1139 Сдано в набор 05 08 85. Подписано к иечати 10.09 85 ЕИ 01864. Формат бу- маги 84х1081/32. Бум. тип № 2. Гарн. шрифта литературная. Печать вы- сокая. Усл п. л. 5,88. Усл. кр.-оп 6,03. Учетно-изд. листов 5 38. Тираж 500 экз. Заказ № 393. Цсна 15 коп Пздательство «Ир» Государственного комнтета Северо-Осетннской АССР по ^делам издательств, полиграфии и кнпжной торговли, 362040, ч\ Ор- джоникидзе, ул. Димитрова, 2 Книжная типография Государственного комитета Северо-Осетинской АССР по делам издательств, полиграфни и книжной торговли, 362011, г. Ор- джоникидзс, ул. Тельмана, 16. 3 10 20 36 58 71 79 91 98 106 112