Author: Гукасян О.А.  

Tags: æрымысгæ  

Year: 1954

Text
                    Ованес Гукасян
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1954


ОВАНЕС ГУКАСЯН МАЛЕНЬКИЕ МСТИТЕЛИ Перевод на осетинский язык В. Бекузаровой и Р. Зангиевой Северо-Осетинское Книжное Издательство Орджоникидзе * 1954
АВТОРЫ РАЗНЫХАС Зынаргъ сабитæ, „Æрыгон мастисджыты" тых- хæй тауырæгъ бакæсыны размæ мæн фæнды, ацы чи- ныджы геройтæ кæм райгуырдысты, кæм хъизæмар æмæ тох кодтой, уыцы бæстæ—Ираныл сымахимæ иучысыл куы абалц кæниккам, уый. Рагацау уын хъусын кæнын—мах уым нæ фендзы- стæм нæдæр рæсугъд цæхæрадæттæ, нæдæр, трактор- тæ æмæ комбайнтæ кæй кусынц, ахæм быдыртæ, нæдæр цæхæрадæтты астæу урс чъырæй цагъд хæ- дзæрттæ, нæдæр скъолатæ, нæдæр амондджын адæмы. Цомут, уæдæ, уæртæ уыцы къахвæндагыл бараст уæм хъæумæ. Сымах ахæм хъæутæ никуы федтаиккат, зæгъ- дзыстут, уый хъæу нæу — уым æрмæстдæр рæдзæгъ- дæй лæууынц дурты цæндтæ, зæгъгæ. Фæлæ уыцы цæндты ’хсæн куы араст уат, уæд сын сæ сæрмæ бафиппайдзыстут фæздæг, фехъусдзыстут стурты уасын æмæ сывæллæтты кæуын. Гъе ахæм ныккæндты цардысты адæм дыууæ мин азы размæ. Фæлæ ма ныр дæр Ираны ахæм хъæутæ бирæ ис, уæлдайдæр та бæстæйы хус рæтты. Ираны зæхкусджытæн сæ фылдæрмæ зæхх нæй, уыдон сты хъазайрæгтæ; уым сæ хонынц „кара", ома æнæ зæхх, æнæ хæдзар адæм. Сæ царды бонтæ з
цы ныккæнды арвитынц, уый дæр фылдæр хатт сæ- хи нæ вæййы. Хурскастæй хурныгуылдмæ хъазайрæг- тæ кусынц хантæ æмæ пъамещыктæн; гыццыл ницæй тыххæй дæр сæ нæмынц ехсæй. Зæхкусджытæ хуым кæнынц дзывырæй, фæлæ ма ис ахæм рæттæ дæр, хуым нырма тымбыл хъæд- тæм бафидаргонд цыргъ дуртæй кæм кæнынц. Скъолатæ дзы уæ цæстæй дæр нæ фендзыстут, фæлæ, чи зоны, сæмбæлдзыстут ахæм нывыл: талынг къуымы чъизи ерджентыл дзуццæджы бадынц сывæл- лæттæ, æмæ сæ молло ахуыр кæны хъуыраны чи- ныгæй, йæ къухы лæдзæг дары, афтæмæй. Хуы-здæр нæ цæрынц горæты мæгуыртæ дæр: куыст ссарын дзы кæй къухы ’фты! Караван-сарайы1 куысты ныллæууын кæмæн бантысы, уый нымад вæййы стыр амондджыныл. Фæлæ уæлдай зындæр у, Ираны цы стæм фабриктæ æмæ заводтæ ис, уырдæм куыстмæ бацæуын, уымæн æмæ Иран индустриалон бæстæ нæу. Мах фæзилдзыстæм, æрдæгхæлд мæзджыттæ, на- рæг чъизи къæдз-мæдз уынгтæ кæм ис, ахæм рыг- джын горæттыл æмæ дзы фендзыстæм, бындзæй йе дзаг чи у, ахæм дуканигæндтæ æмæ,- уынджы ’рдæм иу рудзынг дæр кæмæн нæй, ахæм хæдзæрттæ. Мах дзы фендзыстæм сæргуыбыр мæгуыргурты— уыдон лæууынц, хъæздгуытæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн кæм тезгъо кæнынц, уыцы уынгты. Ныр та ныххизæм гауызтæ уафæн фабрикæйы уымæл пъадвæлттæм. Уым мынæг рухсмæ гуыбырæй кусынц æндыснæгджын сылгоймæгтæ æмæ нæлгой- мæгтæ, сæ фарсмæ та авд-астаздзыд сывæллæттæ. Нæ фæндаг акæнæм сæракгæнæн заводтыл æмæ тамакойы фабрикæтыл. Уым фендзыстæм, фыргуы- стæй чи рафтыд, ахæм кусджыты. Цомут ныр та караван-сарай бабæрæг кæнæм. 1 К а р а в а н-с а р а й—дуканитæ, скъладтæ, базары къантортæ кæм ис, ахæм алырдыгæй æхкæд æмбæрзт базар. 4
Уым мах фендзыстæм къупецæгты æхцафснайæн æф- сæн чырынтæ, дуканиты дуармæ та бафиппайдзыс- тæм уаргъхæсджыты, сæ сау, скъуыдтæ æнгуылдз- тæй, æнæхъæн бон цы капеччытæ бакуыстой, уы- дон нымайгæ. Фæлæ уæлдай æвзæр уавæрты сты нефтцъирæн- ты кусджытæ. Уæззау, тыхсæттæг куыстæн афтæ чы- сыл исынц, æмæ дзы бирæтæ сыдæй цагъды кæнынц. „Цæмæн ахæм тыхст цард кæнынц кусджытæ æмæ зæхкусджытæ ацы бæстæйы?" — бафæрс’дзыстут сы- мах. Уымæн дзуапп раттæн ис цыбырæй: Иран ис бон- джынтæ æмæ ханты къухы. Уыдон адæмы фæллойæ канд сæхи дзыппытæ нæ дзаг кæнынц, фæлæ ма сæ бæстæйы хъæздыгдзинæдтæ дæр уæй кæнынц фæса- рæйнаг капиталисттæн. Иран раздæр уыди англисæгты æрдæгколони æмæ сæ товартæ уæйгæнæн бынат, уый фæстæ дзы хицау- иуæг кодтой немыц, ныр та фылдæр—америкæгтæ. Америкæгтæ æмæ. англисæгтæ Ираны бонджынтæн ласынц хъал царды дзауматæ, зынаргъ духитæ, сапæт- тæ, пудрæ, зынаргъ дзаума, автомашинæтæ. Уый хыгъд та Ираны лæварæмхасæнæй æлхæнынц æмæ дзы æттæмæ ласынц адæмы тугвæллойæ амалгонд нефть, хор, бæмбæг, гæн, пырындз, къуымбил. Уыдон, уыцы æндæрбæстаг стигъджытæ, Ираны сæхи афтæ дарынц, цыма раст сæ райгуырæн бæ-. стæйы сты. Горæтты мидæг ахсынц æнæхъæн квар- талтæ. Сæхи бакодтой нефтæй хъæздыг Хуссар Иран, Сæ рæстæг æрвитынц, горæтты æтте сын цы галуан- тæ ис, уым, пальмæ бæлæсты аууон бадгæйæ æмæ шербет1 нуазгæйæ. Нефты æцæг хицæуттæ—ирайнаг кусджытæ та удхарæй мæлынц уазал æмæ низтæй., Иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ сыстадысты Ира- ны фæллойгæнджытæ сæхи бæстæйы æмæ æндæр- бæстаг капиталистты æфхæрды ныхмæ, фæлæ-иу 1 Ш е р б е т — адджын нуæзт. 5
Ираны хицауиуæггæнджытæ, пъамещыктæ æмæ капи- талисттæ, адæмон сыстадтæ туджы зæйы бын фæ- кодтой. Ираны демократты—ахуыргæнджыты, студентты, æрмгуыстгæнджыты, уæлдайдæр та нефтцъирæнты кусджыты уыдон кодтой ауындзæнтæм, ’ мардт^й сæ, æппæрстой сæ ахæстæтты, хастой сæ дард рæттæм. Фæлæ Ираны фæллойгæнджытæ уæддæр сæттын нæ комынц—фидарæй тох кæнынц сæ бартыл. Уыцы пат- риотты ’хсæн ис сылгоймæгтæ, фæсивæд æмæ суанг сывæллæттæ дæр. Уыдон уарзынц сæ райгуырæн бæ- стæ æмæ сæ адæмы. Æз хорз зыдтон уыцы адæмы æмæ хъизæмар кодтон уыцы бæстæйы — æз райгуырдтæн Ираны, хæтæгхуаг-эмигранты1 хæдзары. Æрмæстдæр 1946 азы, цытджын Сталины ауды- ны фæрцы, мæнæн æмæ ме ’мбæстонтæй мингай ре- патрианттæн2 фадат фæци нæхи Советон Сомихмæ æрбаздæхын æмæ йæ сæрибар, дидинæгæфтауæг зæх- хæн ныпъа кæнын. Ныр сымахимæ, мæ зынаргъ хæлæрттæ, ныхас кæны сæрибар советон адæймаг, уæ хисдæр æфсы- мæр, хъизæмар цард чи бавзæрста, ныр та, сымахау, амондджын чи у, уыцы адæймаг. Сабитæ, æз ныр дæн советон гражданин, æз дæн амондджын. Фæлæ мæ раздæры цард æмæ, фæ- сарæйнæгтæн уæйгонд чи ’рцыд, уыцы Иран мæ зæр- дыл куы ’рлæууынц, уæд мын зын вæййы. Кæддæр цы адæмимæ цардтæн, мæн йæ мæгуыр къæсы чи бауа- зæг кодта, уыцы сæрибаруарзаг адæм ма ныр дæр хъизæмарæй кæй мæлынц, ууыл куы ахъуыды кæнын, уæд мæ зæрдæйы тугтæ ныккæлынц. Фæлæ мæ фи- дарæй уырны, кæй фехъусдзыстæм уыцы сæрибар- уарзаг адæмы хъæлæс. Ираны фæллойгæнджытæ сыс- 1 Эмигрант — йæ райгуырæн бæстæйæ искæйы бæстæмæ чи ацæуы, ахæм адæймаг. 2 Р е п а т р и а н т — искæйы бæстæйæ йæхи фыдыбæстæм чираздæхы, ахæм адæймаг. <>
тадысты æндæрбæстаг стигъджыты ныхмæ. Адæмы фæнды сæ бæстæйæн хицау уæвын, æмæ уыцы хъуыд- даг сæ къухы æфтгæ дæр бакæндзæн. Цæй, уæдæ, райдайæм нæ балц. Мах ацæудзыстæм, адæмы цæсты сыг лæсæнтæ кæм кæны, уыцы дæлвæзыл. Фæлæ тагъд рæстæджы уый æнæмæнг йæ хуыз скалдзæн æмæ суыдзæн сæрибар- уарзаг ирайнаг адæмы сæрибар бæстæ. Ованес Гукасян
Фыщаг сæр МÆ ФЫДЫ АМАРД ÆМÆ ЙÆ БАНЫГÆНЫН МИР ФАРУХ Мæ фыд куы амард, уæд мыл цыдис дæс азьь Мæ фыд куыста уæргътæхæссæгæй караван-са- райы, æмæ йе рагъыл уæззау уæргътæ хæссынæй æгæр раджы базæронд. Уый уыди гуыбыр лæг, хауд рустæ, фæллад цæстытæ æмæ фæлурс, фæлмæцыд цæсгомимæ. Цардыстæм хæрз мæгуыр, мæ фыд тыхамæлттæй куыста ма ’мæлайы къæбæры фаг. Мæ мад дæр ын æххуыс кодта—уый уыди гæрстæхсæг. Мæ фыд йæхи низæй нæ амард. Уый йæ уд сис- та хъæздыг къупецаг Теймур-ханы асинтыл: уæззау уаргъ фæцæйхæсгæйæ, йæ астæустæг асаст. 8
Бонрæфты йын йе ’мбæлттæ, йæхи хуызæн уаргъ- хæсджытæ, йæ мард æрбахастой нæ хæдзармæ. Мæ рынчын мад кæуынæй йæхи ’ргæвста. Цы ’рцыди, уый уæд æз нæма ’мбæрстон. Мæнмæ афтæ касти, цыма мæ фыд, фыццагау, иу ранæй иннæмæ уæргътæ хæсдзæн æмæ та æхсæв-бонмæ йæ къæхтæ æмæ йæ астæуæй хъæ.рздзæн. Фæлæ мæ фыды цикъæ джебены батыхтой æмæ йæ мæллæг бæхтыл нæ хæдзарæй аластой. Кæттаг цæмæй балхæдтаиккам æмæ моллойæн дуа скæнæг- гаг цы бафыстаиккам, уый нæм нæ уыд, æмæ мæ мад нæ дард хæстæгæн, зæронд дзауматæй базаргæнæгæн, ауæй кодта нæ æрхуы аг, æртæ зест тасы æмæ нæ хæдзары иунæг фидауц —цъæх гауыз. Дуканигæс Баширæй хæс кæй дардтам, уымæ гæсгæ нын ахаста мæ мады чындздзон чырын, ныр рагæй афтидæй чи лæууыд, гъе уыцы рæсугъд чы- рын æмæ нæ иунæг хъæццул. Мæ зæрдыл ма лæууы, уыдæттæ Баширмæ æгъгъæд куыд нæ фæкастысты æмæ нæ хæстæджы къухæй аг ратоныныл куыд ар- хайдта. Уый дæр æй кæм лæвæрдта, æмæ схъуыр- духæн сты, стæй, мæ фыдмæ амонгæйæ, нæ хæстæг ныхъæр кодта: —Цавæр цæсгом дын ис, цавæр! Лæджы ныгæнын хъæуы æви нæ? Мæ фыды джебены куы тыхтой, уæд къæхты ’рдыгæй кæттагæй иу гæбаз æрзæбул. Молло уый бафиппайгæйæ, йæ гуым-гуым фæуагъта, раскъуыд- та гæбаз æмæ йæ йæ дзыппы атъыста. „Къухмæр- зæнæн мын бабæздзæн", зæгъгæ, бакодта æмæ та фæсус хъæлæсæй гуым-гуым кæнын байдыдта. Мæ фыды æмбæлттæ—цыппар гуыбыр уаргъхæс- сæджы бызгъуыртæ дарæсы — уæлмæрдтæй æрбаз- дæхтысты мæ мадæн зæрдæтæ авæрынмæ. Хурны- гуылæнты нæм æрбацыд мæ мады хæлар—гæрстæхсæг Айшэ йæ гыццыл чызг Бибиимæ. Айшэ хæдзар- мæ кæугæ бацыди, фæлæ мæ фыды хæлæртты куы ауыдта, уæд йæ кæуынæй фæхъус, мæ мады фарс- 9
мæ йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ йын йæ къух йæ дыууæ сырх къухы ’хсæн бакодта. Айшэ гæрстæ ’хсадта америкаг банкир Вильям Смиты хæдзары. Мæ фыды хæлæрттæ Айшэйы зыдтой йæ цъæх цæсгомæмбæрзæнæй, фæлæ йын йæ цæсгом никуы ничи федта. Махмæ сылгоймагæн йæ цæсгом æнæ ’мбæрзтæй хæссын не ’мбæлди. Айшэ йæ кæуын ныууагъта æмæ уынгæг зæрдæйæ йæ сæр æнкъуыста. Биби лæууыд йæ мады цур æмæ цы ’рцыди, уый не ’мбаргæйæ, дис хуызæй каст мæны ’рдæм. Йæ мад ын, махыл цы бæллæх æрцыд, уый тыххæй ни- цы загъта. Айшэ куыддæр йæ куыст фæци, афтæ уыцы хуызæнæй махмæ рацыд. Бибийæн цъылинаджы кæрдæгæй йæ къухтæ сцъæх сты æмæ йын цæугæ дæр нал кодтой. Биби уыд астаздзыд чызг, бон-иу бакуыста цыппар шаййы1, сæ сыхаг, цъылынтæ уæй- гæнæг Джабарæн кæй æххуыс кодта, уый тыххæй. Биби нæма зыдта, мæ фыды уæлмæрдмæ ахастой, уый. Нæ зыдта, мæ фыд ын амæй фæстæмæ бæрæг- бонты тымбыл хъæдур æмæ чисмисы армыдзæгтæ кæй нал хæсдзæн, уый дæр. Куыд-иу цин кодта Биби уыцы рæстæг! Чисмис æмæ-иу хъæдуры гагатæ халыл бакодта æмæ-иу сæ йæ хъуырыл фæрдгуыты бæсты æрцауыгъта. Цы дзæбæх-иу мæм каст Биби уыцы сахат! Мæ фыд Абдулла фæстæмæ нал раздæхдзæн, уый куы бамбæрста Биби, уæд уынгæгзæрдæйæ ныккуыдта... Мæ зæрдæ фæйнæрдæм фæцæйтыдта, æз дæр мæхи нал баурæдтон æмæ пъадвалæй раз- гъордтон... Фæстæмæ куы баздæхтæн,уæд нæ хæдзары фæз- дæджы тæфæй сулæфæн нал уыд: уый цыд мæ фы- ды хæлæртты даргъ лулæтæй. Сæ сау, æнцъылдтæ, рагæй даст чи нæ уыд, уыцы цæсгæмттæ уыдысты тынг ч Ш а й — ирайнаг капекк. 10
æнкъардхуыз. Мæ мад гобаны бызгъуырыл къуымы йæхи батымбыл кодта, Айшэ ма кодта хъарæг, Биби та æдзынæгæй мæ фыды чъылдымбазмæ1 каст, — мæ фыды амарды фæстæ нæм дзы баззади æрмæстдæр уыцы дзаума. Æз æнкъардæй æрбадтæн чъылдымбазы цур æмæ дзы райдыдтон иугай хъæмпы хæлттæ ласын. Мæ фыды æмбæлттæ цæуылдæр æнувыдæй ны- хас кодтой. — Æрыхъус-ма нæм, нæ хойы хай,—зæгъгæ, баздæхт мæ мадмæ сæ иу,—урсзачъе зæронд лæг.— Ме ’мбæлтты уынаффæмæ гæсгæ абон ныхас кодтон Мир Фарухимæ, Теймур-ханы приказчыкимæ. Теймур- хан уын хъуамæ исты бафида: уый йæ хæс у. Не ’намонд æмбал, дæ сæры хицау, не ’хсæн нал ис. Махмæ гæсгæ дæ а-дыууæ боны Мир Фарух йæхæ- дæг дæр абæрæг кæндзæн. Ракур дзы дæ мойы ту- джы аргъ!— йæ урс боцъо тилгæйæ, фæци йæ ны- .хас зæронд лæг. — Æнæмæнг, ракурын дзы хъæуы мæгуыр Абдул- лайы туджы аргъ, —æнкъардхуызæй сæ сæртæ ба- тилгæйæ, сразы сты иннæтæ дæр. Мæ мад ницы дзырдта, æрмæст-иу „о, хуыцау!.." зæгъгæ, бакодта. Лæгтæ сæ чъиу æхцадæттæй сæ фæстаг капеч- чытæ мæ мады хъæбысмæ æркалдтой æмæ сындæг- гай хæдзарæй рацыдысты. Мæ мад бирæ рæстæг фæкасти уыцы лыстæг æхцатæм... Цалынмæ ма хур каст, уæдмæ мæм мæ фыды амард афтæ нæ хъардта, фæлæ иууылдæр куы рацы- дысты æмæ пъадвалы талынг кæнын куы байдыдта, уæд мæ цæстытыл ауадысты мæ фыды тугæйдзаг былтæ, мæ зæрдæ нырхæндæг æмæ уынгæг хъæлæ- сæй ныккуыдтон. 1 Ч ъ ы л д ы м б а з—уæргътæ хæсгæйæ цæмæй æицондæр уа, уый тыххæй уаргъхæсджытæ сæ фæсонтыл дарыиц сæрмагонд базтæ. 11
Йæ къæхтыл тыххæй лæугæйæ мæм мæ мад ба- цыд, æрбалхъывта мæ йæ хауд, хус риумæ æмæ йæ хъарм цæсты сыгтæ мæ рустыл æрсуадон кодтой. Æз æм мæхи нылхъывтон, мæ буар æмризæджы рызт, афтæмæй. Уалынмæ чидæр дуар æрбахоста. 'Мæ мад мæ йæ риумæ тынгдæр æрбалхъывта æмæ нæ дыууæ дæр тарст хуызæй дуары зыхъыры ’рдæм нæ каст скодтам. — Схуыссыдыстут æви цы? Куыд раджы! —æр- байхъуыст нæм æтте кæйдæр цъæхснаг хъæ- лæс. — Уый Мир Фарух у! — сындæг сдзырдта мæ мад æмæ хъæрзгæйæ сыстад. Нæ кæрт нæ къæсæрæй бæрзонддæр кæй уыд, уымæ гæсгæ æрбацæуæгæн раздæр ауыдтон йæ егъау батинкæтæ, стæй йæ цъæх салбар æмæ, мæйы хуы- зæн къæдзæй, сыгъзæрин сахаты бос кæуыл дзедзык- ка кодта, уыцы дынджыр гуыбын, стæй, æппынфæстаг, харбызы хуызæн стыр сæр гыццыл æрттиваг цæсты- тимæ. „Уæдæ мæнæ цы хуызæн у, мæнæ, Мир Фарух!" — ахъуыды кодтон æз. Раст зæгъгæйæ, фæтарстæн дзы æмæ мæ фыды чъылдымбазы фæстæ амбæхстæн. Фæлæ мын уымæй ницы рауад. Мир Фарух хæ- дзарыл йæ цæст ахаста, ома цæуыл сбадон, зæгъгæ, æмæ куы ницы ссардта, уæд сымсым гæнгæ йæхи чъылдымбазыл æруагъта. — Афтæ талынг уæм цæмæн у?—бафарста Мир Фарух. — Цырагъ нæма ссыгътат? Хе-хе-хе! — бачыр- чыр кодта уый. — Фæтæгеныл ауæрдут? Хорз кæ- нут, хорз... Мæ мад йæ сæр æруагъта æмæ йæм ницы сдзырд- та. Уый нæ нæ сыхаг, хуыйæг Асад куы бафар- стаид, уæд ын æнæмæнг загътаин, нæ фæтæген ра- джы фæци, зæгъгæ. Фæлæ Мир Фарухæй фæтарстæн æмæ дзурын ницы суæндыдтæн. — Кæдæй уæ агурын, кæдæй, æфсин, æмæ уæ тых- 12
хæй ссардтон, - сымсым гæнгæ гуылæвзагæй дзырд- та Мир Фарух. — Фæрсгæ-фæрсгæ цыдтæн. Дæс къæ- сæрæй къаддæрыл нæ бахызтæн, — æмæ иууылдæр уæргътæхæсджытæ Абдуллатæ. Цалынмæ бамбарын кодтон, ома мæнæ абон чи ахицæн... Мæ мад та схæкъуырцц кодта. — Аку, аку! —дзырдта дарддæр Мир Фарух.— Хъуыддæгтæ иууылдæр хуыцауæй аразгæ сты. Чи зоны, уый хуыздæрæн у. Æз дисы бацыдтæн: ничи йæм хъусы ацы хытъын- джынмæ, мæ фыды мард, дам, хуыздæрæн у! Гъе уый, дын, гъе!Уæдæмæ фыдæн йæ уд хуыцау ахаста, хуыцау! Æмæ уыцы бонæй фæстæмæ хуыцауы ны- майын байдыдтон, æппындæр тæригъæд чи нæ зоны, ахæм цыдæрыл. Æмæ куыннæ: мæ фыды хуызæн фæл- мæн адæймаджы уд ахæс! Мир Фарух йæ дзыппæй йæ тамакодон систа, йæ уæрæх роны тъыст чи уыд, уыцы лулæ сласта, тамако дзы ныннадта æмæ сдымдта. — Афтæ, уæдæ, нæ хойы хай,—гуылæвзагæй та райдыдта Мир Фарух, тамакойы фæздæгæй хуыдыг кæнгæйæ. — Æз комкоммæ рараст дæн мæ хицау Теймур- хану хæдзарæй. Уый мæ æрбарвыста, цæмæй дын ратæфæрфæс кæнон, стæй уæд... кхе-кхе... Абдулла... Мæ фыды ном айхъусгæйæ та мæ мад йæхи нал баурæдта æмæ скуыдта. —... уымæн æмæ Абдулла... уый мах тыххæй йæ цард радта. Теймур-ханы, мæ хицауы зæрды ис, раст- зæрдæйæ йын чи куыста, уый бинонтæн феххуыс кæнын. Зонут, цал æмæ цал мæгуырæн баххуыс код- та мæ хицау Теймур-хан! Мæ сæрыл цал æрдуйы ис, уыдонæн ма банымайæн ис, фæлæ уæддæр уый хорз- дзинæдтæн банымайæн нæй! Мæ мад хæкъуырццæй куыдта, æз та Мир Фа- рухы гæмæх сæрмæ кастæн:йæ сæры къуыдырыл иу æрду уæд та хæснагæн куы уыдаид! — Абон мæ, — сдыбал-дыбул та кодта Мир Фа- 13
рух, — Теймур-хан фарста, йæ цæстытæ доны разил- гæйæ... о, о, йæ цæстытæ доны разилгæйæ мæ фар- ста, цæмæй уын баххуыс чындæуа, зæгъгæ. Гъемæ йын æз дæр сымахæн хуыздæр цы уа, уый бауынаф- фæ кодтон. Дæуæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ- зындгонд нæу, дæ мой Теймур-ханæй -хæс кæй дард- та... гъым... иучысыл цыдæр... — Цы загътай?! — фæхъæр кодта мæ мад. Фæлæу-ма, нæ хойы хай, куы фæтарстæ, — æмæ мидбыл бахудгæйæ, Мир Фарух йæ сæр ба- тылдта. —О, дардта дзы, иучысыл дзы æхца дардта... — Мæ сæры хицау мын никуы ницы загъта уый тыххæй! — Æмæ уый та кæм фендæуыд, æмæ нæлгоймаг алы хъуыддаг дæр йæ бинойнаджы дзыхмæ хæццæ кæна! Хъуыраны стæн, æз дæр нæ загътаин! Мæрд- ты кæрæдзи куы фенат, уæд-иу æй бафæрс,' æмæ дын æй зæгъдзæн. О, афтæ уыди хъуыддаг, афтæ!.. Æмæ ныр мæ фæлмæнзæрдæ тæригъæдгæнаг хицау Теймур-ханæн йæ зæрды ис сымахæн уыцы хæс ныхха- тыр кæнын! — йæхицæй бузныг хуызæй загъта Мир Фарух. —Цæй, æз цæуон,—зæгъгæ, ма бакодта æмæ сыстад. — Мæ хицау мын бафæдзæхста дæуæн фе- хъусын кæнын, уыцы вексыл дын райсом молло æмæ Абдуллайы хæлæртты раз кæи раттдзæн, уый. Мæ мад ницы дзырдта. Йæ къухæй йæ сæрыл хæцгæйæ, гуыбырæй бадт хæдзары къуымы. — Акæс-ма! —мæн бафиппайгæйæ, фæхъæр код- та Мир Фарух. —Ай дæ фырт ныр æнæхъæн лæг куы у, афтæ- мæй ма хуыцауæй хъаст куы кæныс! Æз зæхмæ кæсгæйæ, мæ бынатæй сыстадтæн. — Ды дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, дæ фыдау, уаргъхæссæг уыдзынæ, и?—зæгъгæ, мын ме уæхск лæдзæгæй æрхоста. — Æрмæст дæхи куыд æмбæлы, афтæ дар, кæннод дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн! — Йæхæдæг мын лæдзæгæй мæ фарс афтæ тынг батъæпп кодта, æмæ фæкъæдз дæн, фыр мæстæй и
мæ цæстытæ доны разылдысты, æмæ йæ мæхæдæг дæр нæ бамбæрстон, куыд срæцыгътон, уый: — Уаргъхæссæджы куыст кæд афтæ ’нцон у, уæд дзы дæ фырт афæлварæд! — Æ, куыдзы къæбыла!—ныббогъ кодта Мир Фарух æмæ мæм йæ лæдзæг фелвæста. Фæлæ мыл мæ мад йæхи баппæрста, æмæ мæ сæр йæ фæччийы бын амбæхстон. Мæ мад мæстæй æмрияæджы рызт. -^ Уый фæстæ хорз фæуы искæмæн! —хъуыр- хъуыр кодта Мир Фарух, пъадвалы асинтыл уæлæмæ хизгæйæ. — 0 хуыцау!—сдзынæзта мæ мад,—цымæ цы зæр- дæйæ систа мæгуыр сидзæрмæ йæ лæдзæг! Æз нæма æмбæрстон, сидзæр цы амоны, уый. Мæ мад мын ныпъа кодта æмæ мæ йæ хъæбысы æрбакодта. Пъадвалы къуымы нæ гобаны хæррæгъыл нæхи батымбыл кодтам. Æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ уыцы ’хсæв фыццаг хатт нал хъуы- стон мæ фыды хъæрзын æмæ мæм уый диссаг каст. Стæй бафынæй дæн. 15
Мæ фыны федтон Мир Фарухы. Цыма йæ къухы лæдзæг, афтæмæй мæ хъæргæнгæ расур-басур код- та. Æз цыппæрвадæй тахтæн ’ йæ разæй æмæ сæр- фæцæвæн бынат агуырдтон. Фæлæ иу дуар, иу зыхъыр никуы ссардтон. Дыккаг сæр СИДЗÆР. МÆНГ ВЕКСЫЛ. МÆ МАД ФÆРЫНЧЫН Сæумæраджы райхъал дæн мæ мады хуыфыкдоæ. Уайтагъд мæ лыстæны рабадтæн, æмæ мæ ком ийаз- гæйæ, мæ цæстытæ æууæрдын систон. Стæй та мæ зæрдыл æрбалæууыдысты мæ фыды ингæн, йе ’нкъард хæлæрттæ æмæ æлгъыстаг Мир Фарух. — Гасан, мæ хур, — фæсус хъæлæсæй мæм сдзырдта мæ мад, — уæртæ ма рудзынгыл къæбæры мур ис, æнхъæлдæн, æмæ йæ ахæр. Фæлæ мæнмæ хæрын нæма цыд. Æхсæв-бонмæ æнæ хъæццулæй фæхуыссыдтæн, æмæ ме уæнгтæ цыдæр уæззау ныййысты. Æз ницы бахордтон, аф- тæмæй кæртмæ рацыдтæн. Нæ кæрт армы тъæпæны йас йеттæмæ нæ уыд; афтæ- зынд, цыма кæмдæр зæххы бын ныббырыд. Æртæрдыгæй бæрзонд æлыг къул- тæй æхкæд æмæ йæ уыдон хицæн кодтой æгас ду- нейæ дæр. Бакæсгæйæ уыд цыппæрдигъон къоппы хуызæн! Кæртæй куы рахызтæн, уæд уынджы ауыдтон ме ’мгар лæппуты. Хурмæ къулрæбын ныггуыбыр сты æмæ фыр æмæ цыгæй зыввытт кодтой. Лæппуты ’хсæн мæ цæст æрхæцыд нæ хъæздыг сыхæгты сы- вæллæттыл. æмæ пъæлицæйы хицау Салим Мирзайы фырт Муртузыл. Уый тынг хъал уыди йе ’рттиваг- цæппæрджын мундир æмæ йæ хъæдын æхсаргардæй. Муртуз уыд тынг зивæггæнаг лæппу æмæ æппынæ- дзух дæр уроктæй лидзгæ кодта. Муртуз æмæ йе 16
’мбæлттæм хæлæгæй мардтæн, скъоламæ кæй цыды- сты, уый тыххæй. Æмæ сæм хæлæг дæр куыд нæ кодтаин: уыдон зыдтой чиныджы кæсын, уыдис сын ахуыргæнæгимæ ныхас кæныны фадат, уыдтой алы диссæгтæ. Мæн сæ сæрмæ дæр нæ хастой, фæлæ-иу хаттгай, сæхи аирхæфсыны тыххæй, сразы сты мæ- нæн чиныджы нывтæ равдисыныл. Ахæм сахат-иу æз мæ дыууæ цæсты чиныгæй нал истон, мæ зæр- дæйы цæлхъ-цæлхъ дæр ма-иу ссыд. Дамгъæтæ кæй нæ зыдтон, уый тыххæй мæхимæ кастæн хæрз æна- монд. Уыдон та мæ æдзух мæстæй мардтой: чи-иу мын мæ сæрыл ралæууыд, чи та мын мæ дзыккутæ ивæзта. Фæдзырдтой-иу мæм æрмæстдæр, хъазæг æмбал сын куы нæ фаг кодта, уæд. Уæлдай тынгдæр мæ тухийæ мардта Муртуз, уымæн æмæ æз уымæй алцæмæй дæр рæвдздæр уыдтæн: згъорынмæ дæр, гæппытæм дæр, пуртийæ хъазынмæ дæр. Ныр æз сæ размæ бацыдтæн, къулы ’нцой хурмæ слæууыдтæн æмæ сын сæ хъазтмæ дардæй кастæн. Муртуз дзырдта æвзæр дзыхæй, уымæн æмæ мæ- сты кодта, ,йе ’хцатæ йын кæй æмбылдтой, уый тых- хæй. Æхца йæм-иу арæх уыд. Хъуыды ма кæнын, иухатт нын æппæлыд, алы изæр дæр сæм уазджы- тæ куыд æрæмбырд вæййынц æмæ къамæй куыд фæхъазынц, стæй чи рамбулы, уыдон ын æнæхъæн крантæ1 куыд балæвар кæнынц, уый. Хаттæй-хатт-иу йæ фыдæй дæр адавта æхца. Фæлæ ацы бон Муртузæн йæ хъуыддаг нæ цыди. Фыр мæстæй тротуарыл дыууæрдæм систа, фæлæ уалынмæ мæнмæ фæкомкоммæ æмæ мæм æнæрвæс- сон хуызæй фæдзырдта: — Гъей, чъиллон, уым цы лæууыс? Кæд дæ ныфс хæссыс, уæд ма немæ афæлвар. — Æхцайæ нæ хъазын, — хиуылхæцгæйæ загъ- тон æз. 1 Кран—ирайнаг сом. 2 Ованес Гукасян 17
— Нæ хъазыс, уымæн æмæ дæм æхца нæй, Гæвзыччы фырт! . — Æхца мæм куы уаид, уæддæр нæ хъазин, — сæрыстыр хуызæй йын дзуапп радтон æз. — Æз мæ фыдæн ард бахордтон! Муртуз мæ былысчъилæй сфæзмыдта: — „Ард ба-хордт-тон"!.. Ничи йæм кæсы!.. „Æз мæ фыдæн ард бахордтон"! —сфæзмыдта та мæ но- гæй. — Дæ ард дæр ницы æмæ дæхæдæг дæр, гом- гуыбын! • Фыр мæстæй мæ дæндæгты къæскъæс ссыд, мæ хъуыр ахкæдта. Алывыдтæ йын бæргæ акалдтаин, фæлæ мæхи куы нæ бауромон æмæ куы скæуон, уымæй тæрсгæйæ, мæхиуыл ныххæцыдтæн æмæ нæ- химæ разгъордтон. — Си-дзæр!.. Си-дзæр!.. —хъæр кодта мæ фæ- дыл Муртуз. — Си-дзæр!..—зæгъгæ, хъæр систой йæ хæлæрт- тæ дæр. Æз ныттахтæн нæ ныккæндмæ. Хæдзары баййæфтон мæ фыды дыууæ хæлары мæ мадимæ ныхас гæнгæ. Сæ иу уыди зноны урс- зачъе зæронд лæг. Æз уазал къулыл мæхи бауагътон, мæ бæгъæм- вад къæхты ’нгуылдзтæ ныппака кæнгæйæ. — Мæнг вексыл у! —фæсус хъæлæсæй сдзырдта зæронд лæг. — У, абырæг, гъе, хæс бафидынæй тæрсгæйæ мæнг вексыл сарæзта. Тæрсгæ ма кæ, нæ хойы хай, мах ын йæ хъуыддæгтæ хурмæ ракалдзы- стæм. Сыст-ма ныртæккæ æмæ цом! Мæ мад уыд цикъæйы хуызæн фæлурс, цæуыныл нæ разы кодта. — Йæ хуыцауы хай йын æгъгъæд фæуæд! — тыххæйты сдзырдта уый. — Искуы дæр ма хъæздыг лæгæн цæсгом уыдис? Уастæн сын иунæг хуыцау ма схатыр кæнæд, Абдуллайы тугвæллой сæ хъуы- ры фæбадæд. Нæ фидынц? — гъемæ мæ нæ хъæуы! Ницæмæн мæ хъæуы се ’хца! Нæ тугмæ нæ æхца нæ 18
хъæуы! Нæ балæхстæ кæндзынæн уыцы удхорæн, ницæйы тыххæй!.. Зæронд лæг йæ сæр нынкъуыста: — Уыцы вексыл дзы райсын хъæуы, кæннод дын сæ райсом-иннæбон судæй бацагурдзысты. Дæхи мæт дæ кæд нæй, уæддæр дæ иунæджы сæр ахъуы- ды кæн! Уый тæригъæд у! — Куыд уæ фæнды, афтæ кæнут, — ныуулæфыди мæ мад. — Æз Теймур-ханмæ нæ бацæудзынæн — за- къон кæддæриддæр бонджынты фарс у. Дыууæ лæджы сæ рыгæйдзаг æргъæмттæ се ’ккой скодтой æмæ æнкъардæй нæ уымæл пъадвалæй схызтысты. — Дæ мад рынчын у æмæ йæм дæ цæст дзæбæх фæдар, — зæгъгæ, мын мæ хъусы бадзырдта урс- зачъе зæронд лæг. — Ныр ды хæдзары хисдæр дæ; Уыдон куы ацыдысты, уæд мæ мад йæхи æруагъ- та æмæ æхсæв иу афонмæ йæ дзыхæй дзырд дæр нал схаудта... Хаттгай-иу уæззау схъæрзыдта æмæ дон ракуырдта. Цыма ихæнриз кодта, афтæмæй йæ ных æмæ йæ рустæ та артау сыгъдысты. Дурын къусы-иу æм дон куы бадардтон, уæд йæ мæллæг тæвд къухтæ афтæ зырзыр кодтой, æмæ-иу къусы дон фæйнæрдæм цæллахъ кодта. Мæ зæрдæ нæ бакуымдта мæ мадæн уынджы хабары тыххæй радзурын. Æмæ хуыздæр уыди,. æгайтма йын ницы базыдта. Стæй ма бирæ цыдæр- тæ нæ базыдта мæ мад. Цас маст æмæ хъизæмæрт- тæ баййæфтон, мæ мад куы амардис, уæд! Æртыккаг сæр МÆ МАД ДÆР АМАРД. МÆ ФЫДЫ ХÆЛÆРТ- ТÆ МÆ СÆ ДÆЛБАЗЫР ÆРБАКОДТОЙ Дыккаг бон райхъал дæн æрæгмæ. Хур дзæв- гар суади, йæ тынтæ рыгæйдзаг гыццыл рудзын- гæй хызтысты агъуыстмæ. Мæ мад ма хуыссыд 19
уыцы иу уавæры йæ иу фарсыл, йæ уæрджытæ йæ къухты ’хсæн бакæнгæйæ. Ме стонгмын мæ зæр- дыл æрлæууын кодта, рудзынгыл чысыл дзулы Юэæ- бæр кæй уыди, уый. Къæбæр доны ныттылдтон æмæ йæ тыххæй æрæууылдтон. Уалынмæ мæ зæрдыл æрбалæууыд, мæ мад ныр æртыккаг бон йæ дзыхмæ къæбæр дæр кæй не сха- ста. Мæ къахы фындзтыл æм сындæг бацыдтæп æмæ йæ цуры мæ зонгуытыл æрлæууыдтæн. Дис кодтон, куыд æнцад хуыссыд, ууыл. Хуыфгæ дæр нæ кодта. Йæ мæллæг рустыл уыд хиды лыстæг фæрдгуытæ. Йæ тæнæг сау сæрыхъуынтæ æрзæбул сты ихсыд цæсгомыл. Кодта уæззау, фæлæ иухуызон улæфт. Райхъал кæнын æй мæ зæрдæ нæ бакуымдта, уымæн æмæ уый размæ дыууæ ’хсæвы йæ цæстытæ æттæг- уæлæ не ’рæвæрдта. Сындæггай рацæуынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ мæ мад базмæлыд, йæ цæстытæ байгом кодта. — Гасан, мæ хъæбул, — гобаныл йæхи адаргъ кæныныл архайгæйæ, тыххæйты райхъуыст йæ ныхас. Æз æм мæхи балхъывтон, мæ къух ын йæ сæры бын бакодтон. Уый кодта уазал хид. — Гасан, — сдзырдта та мæ мад... — æз... æз цæ- уын дæ фыдмæ... Скъоламæ раттын дæ нæ бон кæй нæ баци, уый нын ныххатыр кæн, мæ хъæбул. Æн- дæр амал нын нæ уыд, мæ хур... Искуы йæ бамбар- зынæ, уый мах аххос кæй нæ уыди, уый... — Мамæ!.. — тыххæй сыхъуыст мæ ныхас. — Дæ фыд ма дæ йæ мæлæты размæ уæддæр куы федтаид, фæлæ мæ уырны: ды нæ ферох кæн- дзынæ дæ мæгуыр фыды. Уый дæ бирæ уарзта... Куы слæг уай, мæ лæппу, æмæ адæмы рæнхъмæ куы рацæуай... — Мамæ... мæ хорз мамæ!.. —дзынæзтон æз. — Дзырд мыи ратт, дæ фыды хуызæн кæй уы- дзынæ. Нуазгæ-иу ма кæн, къамæй ма хъаз, мæ- гуыр лæджы зæрдæхудты макуы бацу, куыстуарзаг 20
у... Стæй ма дын иу хъуыддаг фæдзæхсын: не знæгтæн ма ныббар, Гасан, нæ маст-иу сæ райс!.. Хæкъуырццæй кæугæйæ мæ мады сæр мæ риумæ æрбалхъывтон æмæ бафиппайдтон, йæ мæллæг къухтæ куыд уазал кæнынц, уый. Стæй æваст фес- тъæлфыд æмæ ныссабыр. Зæрдæуынгæгæй ма йæм бæргæ дзырдтон, фæлæ мын дзуапп нæ лæвæрдта. Бирæ фæкуыдтон. Мæхи куы ’рæмбæрстон, уæд мæ разы æмбырдæй лæууыдысты нæ сыхæгтæ æмæ нæ хæлар дыууæ уаргъхæссæджы. Æрыгондæр куыдта сывæллонау, зæронд та, мæ мады уæлхъус йæ зонгуытыл лæугæйæ, æмыр хъæ- лæсæй дзынæзта: — Æлгъыст фæут, фыдгæнджытæ æмæ туг- цъиртæ! Йæ тызмæг цæсгомыл бæрæг уыд, уыцы ныхæстæ зæрдæбынæй кæй кæны. Нæ хæдзар сафтид. Мæ мады цæмæй баныгæд- таиккам, уый нæм нæ уыд æмæ йæ мæ фыды хæ- лæрттæ сæ фæстаг капеччытæй баныгæдтой. Уæл- мæрдтæй æрбаздæхгæйæ нæ зæронд цæрæнбынат уынгæ дæр нал фæкодтон: дуканигæс Башир нын æй байста æмæ дзы йæ цыхтытæн къæбиц скодта. Мæ хъысмæтыл мæт кæнын сæхимæ айстой мæ фыды хæлæрттæ: зæронд урсзачъе Мазлум Али мæ, афтæ хуыдтой мæ фыды хуыздæр хæлары, йæхимæ акодта. Цыппæрæм сæр ÆЗ БАЦЫДТÆН КУСЫНМÆ ЦЫРЫХЪГÆНÆГ СУЛЕЙМАНМÆ. УЫЙ МЫН ДЗУРЫ ЦАРДЫ МÆНГАРДДЗИНÆДТЫ ТЫХХÆЙ. МИР ФАРУХ ЗИЛЫ МÆ ФÆДЫЛ Мазлум Али, йæхимæ мæ чи акодта, уый, уыди зыбыты иунæг. Иуахæмы мын ракодта йæ царды хабæрттæ: йе ’рыгон бонты куыд мæгуыр цард код- 21
та, нæ йын зæхх уыд, нæ хæдзар. Ахæм адæмы махмæ „кара" хонынц. Сæ цард, сæ хъысмæтæн сын уынаффæ кæнынц пъамещыктæ æмæ хантæ. Мæгуыр кусджытæ сæударæй сыстынц æмæ араст вæййынц пъамещыкты хуымтæм, цæхæрадæттæм, хизынц бæх- ты рæгъæуттæ, фысты дзугтæ. Æмæ сын уыцы уæз- зау куыстæн пъамещык дæтты ма ’мæлайы къæбæр. Пъамещык æмæ ханæн бар ис, кара йæ куыстæй разы куы нæ уа æмæ исты куы дзура, уæд уый фыднад кæнын. Карайы бартæ закъон дæр нæ хъа- хъæны; фосæн дæр ма карайæ фылдæр аргъ ис Ираны. Æххормаг æмæ тухийæн йæ бон куы нæ уал уыд, уæд Мазлум алыгъд йæ пъамещыкæй Цæгат Иранмæ æмæ æрбафтыд нæ горæтмæ. Уæд ма Мазлум Али æрыгон уыд. Кæцæй ралыгъд, уыцы хъæу нæ го- рæтмæ дард кæй уыди, уымæ гæсгæ пъамещыкæн йæ хивæнд карайы æрцахсын йæ къухы нæ бафтыд. Горæты Мазлум Али райдыдта уаргъхæссæгæй кусын. Йæ мызд афтæ чысыл уыд, æмæ йæм бинонтæ æр- хæссыны фæнд никуы ’рцыд. — Райсом дæ караван-сараймæ мемæ акæндзы- нæн, — загъта мын Мазлум Али. — Æмæ дæ цырыхъ- гæнæг Сулейманмæ кусынмæ раттдзынæн. Уый кусы караван-сарайы тигъыл. Цырыхъгæнæг дæ фыды бирæ уарзта. Æмæ демæ дæр бафидаудзæн... Дыккаг бон райсомæй райдыдтон цырыхъгæнæг- мæ караван-сарайы тигъыл кусын: зæронд, чъизи бандоныл къаннæг кусæн стъолы фарсмæ æрбадтæн. Сулейман мæ фыццаг фендæй бауарзта. Уайтагъд фæцахуыр дæн таджы ’ндах мыдадзæй рахафын, сæ- рæкты гæбæзты ’хсæнæй æмпъузынæн чи бæззыд, ахæм гæбаз тагъд фелвасын æмæ йæ Сулейманмæ авæрын. Йæ зæронд кæсæнцæстытæ уыдысты йæ фæсхъус- тæм æндæхтæй баст. Йæ кæсæнцæстыты бынты йæ фæлмæн цæстæнгас дардта мæ алы февнæлдмæ дæр. Иуæй-иу хатт-иу мын аргъау дæр ракодта паддзæхты 22
тыххæй, стæй адæмон хъæбатырты тыххæй, уыдон адæмы куыд фервæзын кодтой, мæгуыртæн сæ дон чи байста, уыцы æнæхатыр вишаптæй1. Сулейман йæхи цæстытæй федта шах Магомед Алийы. Уыцы шах бахордта паддзахады къазна, адæм сæ маст уромын нал фæрæзтой æмæ сыстадысты шахы ных- мæ æмæ йын йæ галуанмæ ныббырстой. Сулейман федта, шахы æнахъом фырт Ахмæт куы паддзахиуæг кодта, уыцы рæстæг дæр. Уый уыди змæст заман: горæты цæрджытæ, исчи сæ куы амара, йе куы бастигъа, уымæй тæрсгæйæ изæрыгон сæ хæдзæрт- тæй рацæуын нæ уæндыдысты. Радзырдта мын, ныр Ираны паддзахиуæг чи кæны, уыцы Реза-шахы тых- хæй дæр. Сулейман дзырдта хъавгæ, тарст хуызæй фæй- нæрдæм кæсгæйæ. Фæстæдæр куы балымæн стæм, уæд та мын ра- дзырдта, Реза-шах хуымæтæг мæгуыр адæмы куыд æфхæры, фæсарæйнаг капиталисттæ Иранæй хъа- зæнхъул куыд скодтой, радзырдта мын бæстæйы хъæздыгдзинад къазнамæ куыд æфты, стæй уый фæстæ та стыр наутыл æндæрбæстаг паддзахæд- тæм куыд аивылы, уыдæтты тыххæй. Сулейман мын кæй дзырдта, уыдонæй уæд бирæ цыдæртæ нæ хатыдтон, фæлæ уæддæр æмбæрстон, цырыхъгæнæг раст, фæлмæнзæрдæ адæймаг кæй у, уыдтон, куыд смæсты вæййы, йæ зæрдæ куыд фæ- риссы хæрам хъуыддаг куы фæуыны, уæд. Хорз зæрдæйы хицау уыд. Æмæ йын кæд даринæгтæ би- рæ уыди, уæддæр-иу майрæмбоны, мæзджытмæ ку- вынмæ ацæуыны бæсты, караван-сарайы дуармæ гуыбырæй чи бадт, уыцы мæгуыргур Фатьмайæн радта æнæхъæн кран. — Сарæх мын кодтой мæзджыттæ... мæгуыр адæ- мыл та мæтгæнæг нæй, — загъта мæстджынæй иу- 1 Вишаптæ — хурскæсæн бæстæты тауырæгъты мидæг, хæхбæсты дон’ чи хъахъæдта, уыцы кæсагæнгæс кæфхъуындартæ. 23
ахæмы Сулейман. — Æрмæстдæр Мæскуы кæны адæ- мы мæт, æндæр ничи. — Æмæ дард цæры уыцы хæларзæрдæ Мæс- куы?—сывæллоны фарст акодтон Сулейманы. — Дард! — загъта, йæ мидбылты бахудгæйæ, Сулейман, стæй та арф ныуулæфыд: —Дард!.. Фæлæ уый цæры нæ адæмы зæрдæты, мæнæ куы фæхъомыл уай, уæд æй бамбардзынæ! Мастеры ныхæстæн ницы бамбæрстон, фæлæ æз федтон, йæ цæстытæ цæсты сыгæй куыд айдзаг сты, уый, æмæ мын йæ ризгæ къухæй мæ пыхцыл сæры- хъуынтæ æрсæрфта. Йæ цæсты сыгтæ кæсæнцæстыты æвгтыл æрыртах кодтой æмæ сæ йæ цæрмын раз- дарæны кæронæй асæрфта. — Æмæ мæзджыттæ та цæмæн хъæуынц? — ногæй та афарстон мастеры. — Моллотæ мæрдтыл цæмæй аргъауой, æрмæстдæр уый тыххæй? Сулейман бынтон ныттарæрфыг. — О, цæмæй удæгас адæмæн сæ туг цъирой, куы амæлой, уæд та сын сæ царм стигъой. Мæ цæстытыл ауад, мæ фыды куы ныгæдтой, уыцы бон, молло æнæфсармæй джебенæй гæбаз куыд раскъуыдта, уый. Мæ мад моллойæн дуа скæ- нæггаг нæ фæстаг муртæ куыд ауæй кодта. Мæн æр- фæндыд базонын, чи у уый, уыцы Мæскуы. — Æмæ уæд Мæскуы мæгуырты цæуылнæ æф- хæры? —афарстон та Сулейманы. — Сс! —мæ ныхас мын фескъуыдта мастер. — Мир Фарух æрбацæуы! — Гъемæ æрбацæуæд! — æнæмæтхуызæй бакод- тон æз. — Мир Фарух бонджын у, моллотæ та æрмæст хъæздгуыты фарс хæцынц. Ныхъус у! Æз сæрачы хус гæбаз дурын къусы доны атъыс- тон, цæмæй æрфæлмæн уа, уый тыххæй. — Байриай, мастер! —айхъуыстон Мир Фарухы ныхас. — Æгас цу, гæспæдин, — æнæбарыгомау йæ 25
куыст иуварс æрæвæргæйæ, дзуапп радта мастер. — Цы зæгъдзыиæ? — Афтæ, ницæййаг хъуыддаджы тыххæй æрба- уадтæн, — сдзырдта Мир Фарух йæ сылваз хъæлæ- сæй. — Мæнæ мæ батинкæйы фындз æрхаудта æмæ’ йæ... йæд... бахуыйын хъæуы. — Бынтондæр æрхаудта? —тызмæг хуызæй ба- фарста мастер. — Нæ! —йæ къухтæ тилгæйæ, цъысцъысгæ- наг хъæлæсæй сдзырдта Мир Фарух. — Æрмæстдæр пъадос уæлфадæй ахицæн. — Цæй хорз, æрбарвит æй æмæ йæ фендзынæн,— бахъуырхъуыр кодта мастер æмæ та йæ дзæбугæй къупп-къупп кæнын райдыдта. — Айтаам цы ми кæны?—æваст фæхъæр кодта Мир Фарух æмæ йæ тымбыл сæр сивазгæйæ, фæстæр- дæм ракъахдзæф кодта. — Абдуллайы фырт ма уæд? — Гъе уый у, гъе, мæ ног æххуысгæнæг, — дзуапп радта мастер. Æз фæсырх дæн, мæ сæр фæгуыбыр кодтон. — Дæхи хъахъæ ацы абырæгæй! У-у, сæфты гуырд! Мастер йæ кæсæнцæстытæ араст кодта æмæ æр- дæгцъынд цæстытæй Мир Фарухмæ скаст. — Нæ рæдийыс, гæспæдин? —сбарста йæ мастер йæ цæстæнгасæй йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ. — Сæфты гуырд!.. Хæлд лæппу! — зæрдæбынæй та сдзырдта Мир Фарух. — Мæн нæ уырны, Абдуллайы фырт хæлд уа, уый, — загъта мастер, — фæлæ кæд æцæг афтæ у, уæддæр æй мæнæй уый сахуыр кæндзæн. Мир Фарух йæ сæр батылдта: — Хуыцауы бафæндæд, хуыцауы бафæндæд... Стæй ма дын цы зæгъын, уый зоныс? Нырма зæх- хæй уæлæмæ нæма зыны, афтæмæй ныридæгæн мæ хицауæй хæс дары. Æнхъæлмæ кæс, кæд слæг уы- дзæн æмæ йæ хæс кæд бафиддзæн, уымæ! 26
— Цавæр хæс?—йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта Сулейман. — Йæ фыды хæс. Вексыл æм ис... — Æмæ йын Теймур-хан куы ныххатыр кодта уыцы хæс! — Уый афтæ у, Теймур-хан тынг зæрдæхæлар адæймаг у, уый бæргæ фæндыди ныххатыр кæнын, фæлæ сыгъдæг пехуымпар не ’руагъта уыцы хъуыд- даг. ~ Пехуымпар? — фæдис кодта маст’ер. — Æмæ уым та пехуымпары цы хъуыддаг ис? — „Уым" нæ, фæлæ фыны, — сдзырдта Мир Фа- рух, йæ- къухтæ хæрдмæ скæнгæйæ. — Фыны мæ хицаумæ пехуымпар æрбацыд æмæ йын афтæ: „Хæс макæмæн хатыр кæн. Фæлтау уыцы ’хцайæ мæзджыт сараз, æмæ дзы кувæг адæм мæнæн кувой!" Сулейман афтæ рафыхт, æмæ ма æнæрхъуыдыйæ йæ къухы теман дæр фæтъыста. — Уый та куыд? —зæгъгæ, ма бакодта Су- лейман. — Æз куыд радзырдтон, афтæ, — йæ хъæлæсы уаг нæ фендæр кæнгæйæ, дзырдта дарддæр Мир Фарух. — Уый уыд не стыр хуыцауы хъæлæс, пе- хуымпары фæндон, гæнæн нæй, — арф ныуулæфыд Мир Фарух. — Хæс фидгæ у. — Æмæ Теймур-хан мæзджыт аразынвæнд кæд кæны? — мæстыйæ бафарста цырыхъгæнæг. — Стыр хуыцау ын бындар куы балæвар кæна, уæд. Афтæ йын сныв кодта пехуымпар... О, хæдæ- гай, — æнæнхъæлæджы йæ ныхас иннæрдæм фез- дæхтаМир Фарух,—ныртæккæ дæм мæ батинкæ æр- барвитдзынæн. Фæлæ ацы æлгъыстæн, — лæдзæгæй æвзидгæйæ, ацамыдта мæнмæ, — дзæбæх йæ хъустæ иваз, дæ цæст æм дар, цæмæй йæ хæс афойнадыл ба- фида!.. Æз сагъдауæй баззадтæн: уæдæ æз хæс дарын, æз, мæгуыр сидзæр, æрмæстдæр дæс азы кæуыл цæуы, уыцы саби?! Æмæ мæ ныр цæрæнбоны иу ран нал ныууадз- 27
дзысты, цалынмæ уыцы мæнг вексылмæ гæсгæ хæс бафидон, уæдмæ! Мæ зæрдыл æрбалæууыд мæ мæгуыр фыд, йæ къæхты цур зоныгуылæй мæ мад, мæнæй тæргай чи фæлыгъд, уыцы мад. Æмæ мæхимæ æркастæн хæрз иунæг, мæ рустыл цæсты сыгтæ æргæргæр кодтой... Мæ фыды хæлæрттæ æмæ мæн йæ дæлбазыр чи ’рба- кодта, уыцы цырыхъгæнæг мæ, кæй зæгъын æй хъæ- уы, уарзтой æмæ мæ бахъахъæдтаиккой, фæлæ уæд- дæр уыдтæн сидзæр. Сулейман мæм уыцы сахат сусæгæй дардта йæ цæст æмæ ризгæ хъæлæсæй сдзырдта: — Ма ку, мæ хур, дæ фыд уыдонæй ницы дард- та/ Дæхи фæхъæддых кæн. Царды мидæг лæмæгъ æмæ тæппуд куы уай, уæд дын, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы мæнг хæс фидгæ æрцæудзæн, ныфс- хаст æмæ сæрæн куы уай, уæд та сын сæ цæсго- мыл бату кæндзынæ. Ма ку! Ды нырма чысыл дæ. Куы слæг уай, уæдмæ, чи зоны, царды мæнгарддзи- над сæфт æрцæуа... Тыхсгæ ма кæн: мах уыцы заман- мæ куы нæ фæцæрæм, уæддæр ды æмæ де ’мгæрттæ фендзысты уыцы амондджын бон. Уæлæмæ нæ дзургæйæ, æз мæ цæсты сыгтæ ныхъуырдтон. — Йæ фындз, дам, иу гыццыл æрхаудта, — дзырд- та дарддæр цырыхъгæнæг. — Фæлæ ма-иу кæсгæ фæкæн, кæддæра уыцы зыдыкайæн йæ дзабыртæ бынтон пырх нæ уаиккой. Аппарынæй дарддæр ни- цæмæн уал бæззынц, цас ын сæ фемпъызтон. Фæлæ алы хатт дæр абоны хуызæн фæзæгъы: „иучысыл азилинаг сты", зæгъгæ. Æмæ мын капекк дæр никуы ма бафыста, ома дын караван-сарайы куысты бынат мæ руаджы ис, зæгъгæ. Афтæмæй алы мæй дæр ацы къуымы тыххæй ссæдз краны фидын! Мæгуыр Сулейман! Хæдзары дзаг бинонтæ йе ’ккой, афтæмæй бон æртæ кранæй фылдæр нæ баку- сы, хаттæй-хатт та капекк дæр нæ. 28
Мах бадтыстæм æнæдзургæйæ. Уалынмæ ссыди къареты хъæр. Къарет æрлæууыд караван-сарайы дуармæ æмæ дзы рахызт иу мæллæг франк (Ныгуы- лæн Европæйæ рацæугæ адæмæй нае бæстæйы чи уыди, уыдон мах франктæ хуыдтам). Йæ уæрæхчъил худ уыди æттæуæз къæбутыл сагъд; худы бынæй хъилæй лæууыдысты бур хъис сæрыхъуынтæ. Йæ лæккадгæнæг йæ фæдыл, афтæмæй сындæг къах- дзæфтæй йæ ных сарæзта караван-сарайы рæбынмæ, Теймур-ханы къантормæ.- Къанторæй козбау худт кæнгæ йæ размæ разгъордта Мир Фарух. Къантормæ бацæуæны уаргъхæсджытæй иу, йæ хид йе счъилтæй мызти, афтæмæй архайдта йæ уаргъ бабæттыныл, æмæ æрбацæуджыты нæ федта. Франк йæ лæдзæг æруагъта уаргъхæссæджы къæ- бутыл. — Гуымиры! —ныхъæр кодта франк, йæ лæдзæ- джы кæрон, уаргъ цы кæттаджы баст уыди, ууыл сæрфгæйæ. — Æдзæсгом, —бахъуырхъуыр кодта Сулейман.— Йæ лæдзæгæй лæджы ныццавта, стæй та йæ сæрф- гæ кæны, цыма йын чъизи сси... Цъаммар! Мир Фарух уазæгæн козбау салам радта æмæ йæ къантормæ бакодта. — Чи у уыцы франк? —афарстон æз цырыхъгæ- нæджы. — Ныр æй иу цалдæр хатты федтон Теймур- ханмæ бацæугæ. — Иу абырæг! —мæстыйæ загъта Сулейман.— Немыцаг... цавæрдæр къупецаг Отто Шмидт... Фæлæ сайгæ кæны, цæй къупецаг у. Хæйрæг æй зоны, чи у, уый, æрмæст къупецаг кæй нæу, уый бæрæг у... Цы ис иумæйагæй къупецагæн ахæстоны хицау, кæнæ цавæрдæр инæлæрттимæ!.. Нæ бæстæйы хъуыддæгтæ ныр ацы франкты къу- хы сты. Раздæр нæм англисæгтæ хицауиуæг кодтой, ныр та ма сæм немыц дæр бафтыдысты. Хуыцау сын ма уа!Стигъынц, нæ бæстæ нын æнæфсармæй стигъынц! Эх! — арф ныуулæфыд Сулейман. — Цы дын дзу- 29
рон! Ды нырма саби дæ. Мæнæ куы слæг уай, уæд алцы дæр бамбардзынæ. Иучысыл фæхъус, стæй та йæ ныхасмæ баф- тыдта: — Хуыцау зæгъæд, цæмæй мах куыд цæрæм, ды афтæ ма цæрай. Хуыцауы бафæндæд, цæмæй хуры рухсæй хайджын уай! Цавæр хуры кой кодта Сулейман, уый уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бамбæрстон æмæ уæлæмæ. скастæн. Арвы хъæбысы ’цæхæр калдта ’ сыгъзæрин хур æмæ йæ тынтæй ссыгъта æврæгъты кæрæттæ, уалынмæ уыдон дæр сырх-сырхид тæмæн скалдтой. Æрмæстдæр ныр, уæдæй бирæ рæстæг куы ра~ цыди, уæд бамбæрстон, нæ адæм „хуры рухсæй хайджын уæвын" амондджын цард кæй хуыдтой, уый. Фæндзæм сæр МИР ФАРУХЫ БАТИНКÆТÆ. ÆЗ АЛЫГЪТÆН. ÆХСÆВИУАТ ТЫГЪД БЫДЫРЫ Уынджы кæронæй фæзынди Мир Фарухы чысыл фæсдзæуин. Йе ’ккой æрбацæйхаста хицауы егъау батинкæтæ. Лæппу дзабыртæ зæхмæ куы æрæппæр- ста, уæд сæ рыг сыстад æмæ сæ бынтæ, фæллад куыдзы æвзæгтау, сзырзыр кодтой. — Уыцы æиæхайыры батинкæтæ та сты?—ба- хъуырхъуыр кодта цырыхъгæнæг.—Ныр сæ дæс азы æмпъузын! Лæппу бахудти: — Уыдон та сты, уыдон. Ахæм мæрддзæст æмæ зыдыкайы тыххæй агургæйæ дæр не ссардзынæ. Цырыхъгæнæг йæ сæр батылдта: — Цæй хорз, цæугæ! Уыцы пырх батинкæты ас мæ стыр дисы баф- тыдта. 30
— Дæлæ сæ доны ныппар æмæ удæсой, — загъта мын Сулейман. — Ныр изæр у. Адон бампъузынæн та æнæхъæн бон хъæуы. Уф, уф, — зæгъгæ, ныу- улæфыд æмæ мæстыхуызæй йæ сæрак раздарæн халынмæ фæци. Нæ æрмадзы цыдæриддæр уыди, уыдон-иу стыр голладжы æрыфснайдтам, æмæ-иу сæ Сулейман ахæр- хæр кодта, караван-сарайы цы куырд куыста,, уымæ. Æхсæв-иу нæ голлаг куырдадзы уыди. ~ Дæ хъуыддæгтæ куыд цæуынц, Сулейман?— афарста йæ куьюд аркъауæй сырх зынг æфсæйна- джы лыггаг куынцгомæй ласгæйæ.—Цыдæр у, уæд- дæр дæ чемы нæ дæ, и? — Эх, — арф ныуулæфыди цырыхъгæнæг, — ды бонджынты бæхтæн цæфхæдтæ садзыс, цæмæй цырд- дæр уайой, уый тыххæй, æз та сын сæхиуыл садзыв цæфхæдтæ, цæмæй нæ тынгдæр ссæндой, уый, тыххæй. Куырд йæ мидбылты æнæбары худт бакодта. Æмæ йын, цыма, *йæ бахудтæн дзуапп лæвæрд- та, уыйау нæ рæзты цы гом къарет фæцæйуад, уырдыгæй райхъуыст кæйдæрзæланг худт æмæ ныхас:. — Уæдæ, зæгъыс, хорз бакуыстам, и? Хуыцауæй бузныг!.. Æхсæрдæс мины?.. Пайда дзы ахæм куы нæ райсай! Къареты бадт Теймур-хан йæхæдæг, йæ баком- коммæ, йæ къæхты раз дзуццæджы та Мир Фарух... Æхсæв-бонмæ мæ фыны Мир Фарухы батинкæтæ- æмпъызтон, æмæ сæ цас фылдæр æмпъызтон, уый бæрц тынгдæр пырх кодтой. Райсомæй мæ фыццаг куыст уыди уæззау голлаг нæ æрмадзгондмæ æрбахæссын. Уалынмæ фæзынди цырыхъгæнæг йæхæдæг дæр. — Гъы, куыд у, мæ лымæн, баудæстысты уыцы галы сæфтджытæ? — ацамыдтаМйр Фарухы батинкæ- тæм. Æз сæ зынæй лакъон донæй сластон. Алы батинкæ дæр дзы цыма путы бæрц ласта, афтæ уæз- 31
зау мæм фæкастысты. Туас дзы фæтъыстон, æмæ куыннæ, — уыцы хъæбæрæй лæууыдысты. — Нысхой сæ доны! — рамæсты цырыхъгæнæг æмæ сыстад йæ бынатæй. Сулейман-иу куы ратыхсти, уæд-иу йæхи аир- хæфсынмæ кæнæ куырдадзмæ Сафармæ фæраст, кæнæ та хæстæгдæр цайцымæнмæ кальян1 сды- мынмæ. Цы куыстаин, уый нæ зыдтон, ме’намондæн мын мæ хицау дæр ницы бафæдзæхста. Æз мæхи бауагъ- тон тæвд къулыл, мæ цæстытæ бацъынд кодтон æмæ хъуыдыты аныгъуылдтæн. Хæлæггæнгæйæ хъуыды кодтон мæ карæн лæппутыл, райсом раджы-иу куыст- мæ цæугæйæ мæ рæзты хъæлдзæгæй скъоламæ чи цыд, уыцы хъæздгуыты фырттыл. Сæ фылдæр, Мур- тузы хуызæн, зивæггæнаг уыдысты. Уый бæрæг уыд, сæхи æвзæр кæй дардтой, хиппæлой, схъæл ныхæс- тæ кæй кодтой, стæй-иу сæ зынаргъ уæлæдарæс кæддæриддæр чернилайæ хъулæттæ кæй уыдис, уымæй. Æз хъуыды кодтон, мæгуырты сывæллæттæ афтæ мæгуыр кæй сты, ууыл. Стæй мæ цæстытыл ауадысты мæ зынаргъ ныййарджыты æнкъард цæс- гæмттæ, цыма мын афтæ дзырдтой: „Нæ мæгуыр, Гасан, сидзæрæй дæ ныууагътам уыцы мæнгард дунейы!" Мæ хъуыдытæ-иу мын фескъуыдтой, куы, кара- ван-сарайы скъæты баст чи уыд, уыцы хæрджыты уаст, куы та, кулдуары цур бырæттæ чи къахта, уыцы æххормаг мæсты куыйты хъуырхъуыр. Мæ хъустыл уади уаргъхæсджыты уынæр, дуртыл-иу фæцыди, зæхмæ чи ’рхауд, ахæм асыччыты гуыпп. Уыцы æмхæццæ уынæрты ’хсæнæй хъуысти, база- ры астæу цы мæзджыт уыди, уый бæрзонд минаре- тæй моллойы хъæр: молло сидти кувæг адæммæ кувынмæ. 1 Кальян — даргъ лулæ Хурскæсæн бæстæты. 32
«Уалынмæ мæ хъустыл ауад доны цæллахъ æмæ цыдæр зыд цъæлф-цъæлф. Мæ цæстытæ байгом код- тон æмæ сагъдауæй аззадтæн: иу стыр хъулон куыдз, Мир Фарухы удæст дзабыр йæ дзыхы, аф- тæмæй фæсыффытт кодта караван-сарайы дуары бынты.. — Хæцут ыл, хæцут ыл! —фыр тарстæй мæ хъæ- лæсы дзаг ныхъæр кодтон æз. — Кæуыл? —афарста мæ, уаргъы уæзæй зæхмæ чи æртасыд, уыцы уаргъхæссæг. — Куыдзыл! Мир Фарухы батинкæ фæхæссы!— ныдздзынæзтон æз. Уаргъхæссæг ныкæлкæл кодта: — Æвгъуаг, фæлтау Мир Фарухы куы ахастаид! — Йæхæдæг ма фæлæбурæд куыдзмæ æмæ куы- дзы ма ахæссæд, æндæр уымæн тас нæу! — куырдадзы дуарæй фæхъæр кодта Сафар. Мæ фæдисмæ адæм дуканитæй æттæмæ ракал- дысты, æмæ хъуыддаг цæй мидæг ис, уый куы бам- бæрстой, уæд бæстæ хъæрæмахст, чырчыр сси. Иу цавæрдæр лæг æрдæгдастæй, сапоны фынк йæ рус- тыл, афтæмæй хилдасæнæй рагæпп кодта æмæ ху- дæгæй бакъæцæл. Хъæрмæ фæзынди цырыхъгæнæг дæр æмæ мæ сабыр кæнын райдыдта: — Ма тыхс, бæсты сæфт нæу: хуынкъ суари йæ аргъ ахæм пырх дзабырæн! • Уалынмæ фæзынди Мир Фарух йæхæдæг дæр. — Мæ дзабыр кæм и? Куыдз æй ахаста?!—зæгъ- гæ йæ хъыллист ссыд. — Æз уын цы бакæндзынæн, уый зонут? Æз сыл æнæхъæн сыгъзæрин туман ба- фыстон! Æмбарут, сыгъзæрин туман! Мæнæн фыр тæссæй мæ зырзыр ссыд. Йæ мысты цæстытæ цæхæртæ калдтой, йæ сырх рæсыдхуыз цæсгомыл ауындзæгæй лæууыд дынджыр, хъуынджын бызычъиджын картоф фындз. — У-у, уый ды уыдтæ, ды, калмы мыккаг!—зæгъ- гæ, мыл лæдзæгимæ йæхи ныццавта. Мæ фæсонтыл ахæм цæф æруад, æмæ мæ цæсты- тæ цæхæртæ акалдтой. Æз ныхъæр кодтон, æмæ Мир 3 Ованес Гукасян 33
Фарухы баиргъæвынмæ чи æрбамбырд, уыцы уаргъ- хæсджыты дыууæрдæм ссонгæйæ, лидзынмæ фæдæн. — Æрлæу, æрлæу, Гасан! —хъæр кодтой мæ фæ- дыл мæ фыды хæлæрттæ. Мæ хъустыл ауади цырыхъгæнæджы уынгæг хъæ- лæс, стæй Мир Фарухы чи ’лгъыста, уыдоны хъæр- тæ, фæлæ æз, фæстæмæ нæкæсгæйæ, адæмыкъуырд- тытæ кодтон æмæ размæ тахтæн. Мæ ных сарæзтон, горæты æтте, быдырмæ. Æрмæстдæр горæты æтте куы фæдæн, уæд æрлæууыдтæн æмæ фæстæмæ ракас- тæн. Сурæг мæ нал уыд. Æз сулæфыдтæн æмæ мæхи зæххыл æруагътон. Мæ разы айтыгъди быдыр, бы- дыры æтте обæуттæ, ноджы дарддæр та æрттывтой митсæр хæхты цъуппытæ. Куыд дзæбæх уыдис ам бæстæ, горæты æтте, мæ ахæстонæй, саузæрдæ адæмæй дард! Ам уыдтæн æдас ран, мæхæдæг мæхицæн хицау, æмæ мæ зæр- дæ куыд загъта, афтæ мæхи кæрдæгыл ауагътон. Хур мæ рæвдыдта йæ хъарм тынтæй. Бæрзонд мæ сæрмæ сæрибарæй, йæ базыртæ не змæлын кæнгæйæ» тахти цæргæс. 34
Уыцы ’хсæв мæ царды мидæг фыццаг хатт хуыс- сыдтæн тыгъд быдыры. Райсомæй дзæбæх куы сæххормаг дæн, уæд мæ- хи горæтмæ ныйистон, фæлæ нæ зонгæтæй никæмæ бацыдтæн: нæдæр цырыхъгæнæг Сулейманмæ, нæдæр мæ фыды хæлар Мазлум Алимæ. Ныр стæн æнæфæхæцæг, дзæгъæл. Мæ хъысмæт сбастон мæхи хуызæн æнæхæдзар, дзæгъæл сывæл- лæттимæ; уыдонимæ арвыстон мæ сабийы бонтæ; мæн никуы ферох уыдзæн уыцы æнкъард рæстæг. Æхсæзæм сæр ÆЗ БАЦЫДТÆН „МАСТИСДЖЫТЫ" КЪОРДМÆ. НÆ РАЗДЗОГ КУЛИ Горæт мын афтæ æнад сси, æмæ æххормаг куы нæ уыдаин, уæд æм мæ къах дæр никуыуал бавæрд- таин. Мæн фæндыди, бирæ хæрзтæ мын чи фæци, уыцы зæрдæхæлар Мазлум Алийы фенын, уымæй тынгдæр та мæ фæндыд цырыхъгæнæг Сулейманы бабæрæг кæнын, фæлæ мæ цыдæр тых æппæрста сæ- рибар, бархи царды хъæбысмæ. Иу афон мын фыр æххормагæй мæ ахсæн цыдæр фæцæйхордта. Æххормагæн куы нæ уал фæрæзтон, уæд араст дæн горæтмæ. Кæмæ бахъардтаид ме стонг, чи мын раттаид къæбæр? Мæгуыргур зилын? Нæ, уый мæ сæрмæ никуы ’рхастаин. Пыхцылсæр, бæгъæмвадæй, бызгъуыр хæлафы æмæ чъизи хæдо- ны мидæг æз зылдтæн дуканиты æмæ хъæздгуыты рæзты æмæ мæм афтæ каст, цыма мæ фыды хъæ- лæс хъусын: „Гасан, мæгуыргур зилын дæ сæрмæ ма ’рхæсс, къæбæргур зилын магусаты хъуыддаг у. Дзырд мын ратт, дæхи фæллойæ кæй цæрдзынæ!" Фæлæ чи раттаид куыст мæгуыр, æцæгæлон сабийæн, куыстхъом лæгтæ дæр афæдзгай куыстагур куы зыл- дысты, уæд! Бонджынты сывæллæттæ мæ-иу уынджы 35
куы ауыдтой, уæд мыл-иу дуртæ зыгъгъуыттытæ кæнын систой, • дуканигæстæ та, сæ комы фыик калгæйæ, хъæр кодтой: „Дæхи иуфарс айс, æвзæр! Исты ассивынмæ та хъавыс?" Æмæ-иу уæд мæстæй- дзаг æмæ зæрдæрисгæйæ, мæ зæнгтæ фыр æххор- магæй мæ быны дыдæгътæ кодтой, афтæмæй сæргуы- бырæй мæхи иуфарс райстон уыцы адæмæй. Цалдæр боны афтæмæй горæты уынгты фæзылд- тæн. Иуахæмы мæ хъустыл ауад пъæлицæйæгты æх- ситт æмæ хъæр: „Хæцут, хæцут сыл!" Æз рохстауæй аззадтæн æмæ фæйнæрдæм ракæс-бакæс кæнын. Хъæр æмæ æхситт цыдысты фаллаг уынгæй. Кæсын, æмæ дын уынджы æрызгъоры лæппуты къорд чъизи, мæхи хуызæн, бызгъуыр дарæсы. Уырыдзыйы бæстытыл сæ риутæм æнгом хæцгæйæ, уыдон цыппæрвадæй æрба- цæйзгъордтой мæны ’рдæм. Разæй уади, йæ буар чъи- зийæ кæмæн ныссау, ахæм бæрзонд лæппу, даргъ пыхцыл сæрыхъуынтимæ. Йæ уæлæ уыди æрмæстдæр хæлафы бызгъуыр. Уый-иу фæлæууыди, цæмæй йæ фæдыл чи згъордта, уыдоны фæцырддæр кæна, уы- имæ йæ хæрын дæр нæ уагъта: йæ урс-урсид æрт- тиваг дæндæгтæй уырыдзытæ æхсыдта. Лæппутæй иутæ мæ цурты æрбазгъордтой æмæ хæстæгдæр уынджы фæцæхкæрмæ кодтой. Сагъда- уæй баззайгæйæ, лæууыдтæн æмæ кастæн, мæ рæзты тъæбæрттæй чи згъордта, уыцы лæппутæм. Уалынмæ кæсын, æмæ сæ къухты уистæ, афтæмæй сæ фæди- сæттæ æрсурынц. Семæ уыдис пъæлицæйаг дæр. „Мæн дæр адонæй ма фæхонæнт", — зæгъгæ, мæм æваст мæ зæрдæ сдзырдта. Мæнæ мæ рæзты æртъæбæртт кодта фæстаг лæп- пу. Ауыдтон ма йын йæ гуыбыр уæнгтæ, йæ бæгъ- нæг рагъ, фæкастæн фæстæмæ уистæй ифтонг адæм- мæ, пъæлицæйаджы æрттиваг æргъæвæгджын худмæ, æмæ æз дæр цыппæрвадыгæй ныххостон лæппуты фæстæ. Æз згъордтон мæ тых мæ бонæй. Æз дæр ныр мæхи нымадтон уыцы къордæй. Уымæн æмæ мæ фæ- 36
дыл дæр Мир Фарух къаддæр иæ зылд. Æрмæстдæр мыл куы фæхæст уаид! Лæппуты фæстæ æррайау чи тахти, уыцы фæди- сæттæ кæм æрлæууыдысты, уый зонгæ дæр нæ ба- кодтон. Æрмæстдæр горæтгæрон иу рыг, къуырма уынджы куы февзæрдыстæм, уæд æрлæууыдтæн хъæ- батырты балимæ. Разæй чи згъордта, уыцы лæппу разынд сæ раз- дзог. Уый уынджы астæу æрлæууыд, йæ дыууæ æн- гуылдзы йæ дзыхы атъыста, ныхситт кодта æмæ йæ тымбыл къух хæрдмæ систа. — Гъы, куыд у?—барджын хуызæй йæ цæст аха- ста мастисджыты къордыл.—Иууылдæр ам стут? Фæс- те нæ ничи баззад? Лæппутæ сæ цæстытæй кæрæдзи ацагуырдтой. Уалынмæ сæ иу мæнмæ фæкомкоммæ, уасæджы уаст ныккодта æмæ мæ размæ йæхи æрбасхъæл кодта. — Мæнæ нæм иу цавæрдæр уасæг æрбафтыд*! — ныхъæр кодта уый æмæ мæм йе ’взаг фелвæста. — Хæстæгдæр ма мæм рацу! —барджын хъæлæ- сæй загъта раздзог.—Чи дæ? Æз æм æнæуæндоц хуызæй зулмæ бакаст&н. — Чи дæ? Кæцæй дæ? — Мæ ныййарджытæ амардысты... — тыххæйты срæцыгътон æз. — Афтæ у? —лæппуйæн йæ цæсгом фæрухс. — Уæдæ сидзæр дæ? Сæр фæцæвæн дын нæй? Æз мæ сæр æруагътон. — Дæ ном та цы хуыйны? — Гасан. — Гасан, зæгъыс? Уæдæ нæ къорды ныр дыу- уæ Гасаны уыдзæн... Ды уыдзынæ Гасан Дыккæгæм. Гъеи, иблис, ды та цы-фæдæ? Йæ размæ рацыд иу дыууадæсаздзыд лæппу, чъизи, бызгъуырты мидæг. — Дæ цæст фæдар нæ ног æмбалмæ. Æз æй нæ къордмæ исын. — Дæ зæрдæ мыл дар, Кули, — зæгъгæ, йæ 37
рæсугъд дæндæгтæ æвдисгæйæ, бахудти Гасан Фыццæгæм. — Амæн дæр уырыдзы раттут... Æххормаг уы- дзынæ, и?—зæрдæхæлархуызæй мæ афарста Кули. Æз мæ сæр ноджы ныллæгдæр æруагътон. / — Раттут ын, раттут, уадз æмæ йæхи хорз фена. Ме ’мном мын тыххæй дæр мæ къухы дынджыр уырыдзы фæсадзыныл архайдта, фæлæ йæ æз нæ куымдтон. — Æз... æз дзы нæ бахæрдзынæн... — тыххæйты сдзырдтон. — Сымах сæ, æвæццæгæн, давгæ ра- кодтат... Лæппуты раздзог æваст йæхи фесхъæл кодта, йæ къухтæ йæ сины сæртыл фæцавта æмæ йæ цæстытæ мæсты ’рттывд фæкодтой. — Давгæ ракодтат, зæгъыс?! Кæй зæгъын æй хъæуы, давæггаг сты. Уæдæ иæ чи бафсаддзæн? Чи нын раттдзæн куыст? Раст сæ уæрдæттæй рахырх- там. Давгæ нæ, фæлæ стигъгæ! — .Æмæ цы уæлдай у?—ныллæууыдтæн æз. — Ничи йæм кæсы! — былысчъилхуызæй бакодта къорды раздзог. —Зæххæй уæлæмæ нæма зыны, æмæ мын уый дæр уынаффæтыл схæцыд. Æдылы къоппа, 38
уыдон мах бонджынтæй байстам, æмбарыс?Бонджын- тæ та нын нæ ныййарджыты царм астыгътой, гæв- зыккмæ нæ æртардтой. Æмæ сæ ныр мах дæр нæ маст исæм! Мæ зæрдыл æрбалæууыдысты цырыхъгæнæг Су- лейманы тауырæгътæ, Мæ цæстытыл ауад мæ мад дæр, æрбаймысыдтæн ын йæ фæстаг ныхæстæ: „Не знæг- тæй-иу нæ маст райс, Гасан!" Фæлæ маст афтæ фæисынц? Мæ фыд мын афтæ куы бафæдзæхста, лæг хъуамæ йæхи фæллойæ цæра, хъуамæ макæйы хъыгдара, зæгъгæ. % — Мах нæ маст исæм æнæхатыр, фыд-зæрдæ адæ- мæй,—дзырдта Кули. — Æмбарыс, хылычъы? Нæ бал :хуыйны „мастисджыты" къорд. Æз мастисджытæн сæ хисдæр дæн, адон та сты ме ’мбæлттæ,—ацамыдта, цымыдисхуызæй мæм чи каст æмæ кæрæдзийы бас- хой-басхой чи кодта, уыцы æнæхæдзар лæппутæм, „Дæхи фæллойæ цæр, макæйы хъыгдар!" — нæ дух кодтой мæ сæрæй мæ фыды ныхæстæ. — Мах нæ маст фыд-зæрдæ адæмæй исæм,—загъ- та та Кули.—Æмæ дæм кæд бонджынты тугæй ницы хæццæ кæны, уæд лæу махимæ, кæннод—дæ фæн- даг уæрæх! Сындæггай мæ сæр схъил кодтон æмæ фемдзаст дæн Кулийы ныфсджын цæстæнгасимæ. — Æз... лæууын сымахимæ,—сындæг сдзырдтон æз. Кули мын мæ къух райста, стæй иу къахдзæф æт- тæдæр ацыд æмæ мын йе стыр тымбыл къухæй мæ риу ныццавта. — Куыд у, фæрысти? Хъуыды дæр æй ма кæ. Ахуыр кæн тымбыл къухы цæфтыл, æмæ хи тымбыл къухы цæфтæй хъахъæныныл. Исчи дæ куы хъыг- дара, уæд ын йæ фындзы хъæлмæ хъав. Фидар куы лæууай, уæд Кули кæддæриддæр уыдзæн демæ, дæ хисдæр æфсымæрау! Мæ зæрдæ цинæй айдзаг: ныр иунæг нал дæн, ис мын, бахъуаджы сахат мæ сæрыл чи рахæцдзæн, яхæм хæлæрттæ! 39
Чысыл фæстæдæр зыдæй хордтон уырыдзы, цы- ма йæ мæхи фæллойæ самал кодтон, уыйау. Алыр- дыгæй мæм æппарын райдыдтой уырыдзытæ. — Ура!—æмхуызонæй ныхъæр кодта мастисджы- ты къорд. Лæппутæ мæ фелвæстой æмæ мæ хæрдмæ æппарын байдыдтой. Æвдæм сæр МАХ НÆ МАСТ ИСÆМ, МÆГУЫРТЫ ДОН ЧИ БАЙСТА, УЫЦЫ ПЪАМЕЩЫКÆЙ. НÆ МАСТ ИСÆМ МИР ФАРУХÆЙ Изæр-иу кæм бахсæвиуат кæндзыстæм, уый куыд нæ зыдтам, афтæ нæ зыдтам, хур йæ был куы сда- ра, уæд цы кусдзыстæм, нæ ных кæцырдæм сараз- дзыстæм, уый дæр. Не ’хсæв-иу кæнæ искæй кулдуары рæбын арвыс- там, кæнæ та базары, кæд-иу нын æхсæвгæсты рæз- ты фæсыффытт кæнын бантыст, уæд. Хъахъæнджытæ цæмæй æхсæв ма бафынæй уой, уый тыххæй-иу рæ- стæгæй-рæстæгмæ кæрæдзимæ сидтысты, зылдысты талынг афтид уынгтыл, скæрстой, дуканиты дуæрт- тыл цы стыр гуыдыртæ ауыгъд уыд, уыдон. Фæлæ-иу нын кæд мидæмæ базармæ фæсыффытт кæнын бантыст, уæддæр дзы æхсæв æдас нæ уы- дыстæм. Бон-изæрмæ-иу афтæ ныффæлладйстæм, æмæ мидæмæ куы баирвæзтыстæм, уæд кæрæдзиуыл ныккалдыстæм, нæхи схъарм кæныны тыххæй фæ- сон-фæсон схуысгæйæ. Æмæ-иу куыддæр æррæдзæ- мæдзæ кодтам, афтæ-иу фæстæмæ фехъал стæм хъæртæ æмæ цæфтæй. Фæгæппытæ-иу кодтам æмæ-иу фæйнæрдæм фæпырх стæм. Æхсæвгæстæ нын канд нæ нæмттæ нæ, фæлæ ма нæ фæснæмттæ дæр зыдтой æмæ нæ фæдыл зылды- сты суанг боныгон дæр. 40
Æдас ран уыдыстæм æрмæстдæр, хуыскъ доны сæрты цы хид уыди, уый бын, стæй быдыры. Фæцæй мæ рох кодта, горæты æтте уæлмæрдтæм фæцæй- цæугæйæ цы стыр цæнгæт трубатæ лæууыд, уыдон кой скæнын. Дзырдтой, зæгъгæ, дам, уыцы трубатæ æрбаласта иу пъамещык донуадзæн канал саразынæн. Уый сфæнд кодта хæстæгдæр хъæуы мæгуыр цæр- джытæн сæ дон байсын æмæ йæ йæ хуымтæм ауа- дзын. Уыдон уыдысты уæрæхгомау, дыгай метры дæргъæн трубатæ. Мах-иу трубаты балæстыстæм æмæ-иу æнæмæтæй бафынæй стæм. Фæлæ уыцы цæн- гæт авдæнты нæхи бирæ нæ фæрæвдыдтам: пъаме- щык байста мæгуыр хъæуы дон æмæ йæ каналыл йæ хуымтæм ауагъта. Мах сфæнд кодтам пъамещы- кæй нæ маст æмæ зæхкусджыты æфхæрд райсын. Къорд фæлтæрæны скодтам канал фехалыныл æмæ- нын фæстагмæ æнтысгæ дæр бакодта. Уыцы хъуыддаг нæ къухы бафтыд нæ „куырд" Коламы руаджы. Йæ фыды ’фсымæр уыдис мæгуыр* куырд. Базары йын уыд иу гыццыл куырдадз. Уый кодта æфсæйнаг цалхы чъилтæ. Уыцы лæг ныр дæр ма мæ цæстытыл уайы: хидæйдзаг ихсыд риу æмæ сойæ сæрсты хуызæн цæнгтимæ. Куырд йе ’мбалы æх- хуысæй хъæсдарæгыл тасын кодта зынг æфсæйнаг. Уæд æй не.’мбæрстон, ахæм мæллæг æмæ йын фæл~ мæцыд хуыз цæмæн ис, стæй аргъæутты цы домбай уæйыг куырдты кой фæкæнынц, уыдоны хуызæн цæ- уылнæ у, уый. Коламы ныхæстæм гæсгæ, кæд йæ фыды ’фсымæр ахуыргонд нæ уыди, уæддæр кæрæй-кæрон- мæ зыдта, астæуккаг æнусты чи царди, уыцы азербай- джайнаг куырд Бабек Агангяры тыххæй тауырæгъ. Ба- бек уыди, цагъайрæгты чи баиу кодта æмæ ханты ныхмæ сыстæг адæмы сæргъы чи ’рлæууыд, ахæм адæ- мон герой, Æз ма ныр дæр хъуыды кæнын, уæд-иу нæ „куырд" Колам арæх кæй зарыд, тауырæгъæй ахæм скъуыддзаг: 41
„...Æмæ, зæгъы, райста уæд хъæбатыр куырд Бабек, йæ- хи къухтæй кæй скодта, ахæм, арвы ферттывды хуызæн,дис- саджы кард, æрбаиу кодта æфхæрд адæмы—цагъайрæгты, каналкъахджыты, куырдты, сисамайджыты æмæ хуымгæрд- джыты,— байуæрста сын хæцæнгарз æмæ сæ акодта тираны ныхмæ!.." Колам йæ фыды ’фсымæрæй цы аркъау ракуырд- та, уый руаджы тыххæйты разылдтам, каналы тру- батæ кæрæдзимæ кæмæй фидаргонд уыдысты, уыцы болтытæ, труба уæлæмæ стылдтам æмæ йæ, кана- лæй иу цасдæр æттæдæр чи уыд, уыцы цъаймæ ныс- хуыстам. Каналы ком фегом, æмæ дон хæлхæлгæн- гæ фемæхст æмæ хуымтыл акалд. Мах уайтагъд ли- дзынмæ фестæм. Уый фæстæ фехъуыстам, зæгъгæ, каналы фе- хæлд пъамещык зæхкусджытæй фенхъæлдта æмæ дзы цалдæры æрцахсын кодта. Цæмæй зыдта уыцы фыдгæнæг, ахæм хъуыддаг ын зæхкусджытæ нæ, фæ- лæ мах кæй сарæзтам! Зæхкусджытæ кæй ницы аххосджын сты, уый бамбарын кæныны æмæ сæ фервæзын кæныны тых- хæй каналы раз бæласыл ныххостам фæйнæджы гæ- баз æмæ йыл Кули æвзалыйæ æрдæг цъæррæмыгъд- тытæй ныффыста: Удхор-пъамещык, суæгъд кæнын кæ æна’ххос зæхкус- джыты. Де ’нæхайыры канал дын фехæлдтам мах} „æрыгон мастисджыты" къорд/ Дæ фыдызнаг Кули Уый фæстæ куыд фехъуыстам, афтæмæй ахст адæ- мы иалдæр боны фæстæ рауагътой, фæлæ уæддæр канал саразыны хæрдзтæ зæхкусджытæн фидгæ а>р- цыдысты. Пъамещыкмæ цы æртхъирæн арвыстам, уый дæр нын лæвар нæ ауад. Пъæлицæйæн хæс лæвæрд æр- цыд, цыфæндыйæ дæр нæ къорды уæнгты æрцахсын. Рæстæг цыди. Æнæхуыссæг, æнæрынцойæ, æх- хормаг æмæ æнæсæрфæцæвæнæй горæты уынгты зыл- 42
дыстæм, фæлæ уæддæр нæ ныфс нæ саст. Мах сæ- рыстыр уыдыстæм, „не ’лхысчъытæй" пъамещыктæкæй «схъиуынц æмæ пъæлицæйæгтæ æнцой кæй нæ уал зо нынц, хицауад нæм йæ хъус кæй æрдардта, уымазй. Иуахæмы æрæмбырд стæм горæты æтте, къазар- маты раз иу арф акъоппы æмæ хъæлдзæг ныхас код- там. Æз сфæнд кодтон ме ’мбæлттæн Теймур-ханы мæнг вексылы тыххæй, Мир Фарух мæ лæдзæгæй куыд ныххафт кодта, йæ дзабыр ын куыдз куыд ахас- та, уыдæтты тыххæй радзурын. Куыддæр дзырд фæ- дæн, афтæ Кули фæтæррæтт ласта æмæ мæстыхуы- зæй йæ тымбыл къухтæ тилгæйæ, æрбагæпп кодта мæ размæ: — Гъы, дзылы, æмæ дæ дзыхыл ныронг цъутта уыди! Худинаг дын нæу! — Æз дзылы нæ дæн,—тæргай хуызæй сдзырд- тон æз уæлæмæ стгæйæ,—ныр мыл дыууадæсæм аз цæуы! — Уый та ноджыдæр хуыздæр!—загъта Кули, йæ роцъойыл цы милтæ рахæцыд, уыдон адаугæйæ. - Уы- цы цъаммартæн раджы стæрхон кæнын хъуыди! — Æз уыцы хъуыддагыл æхсæвæй-бонæй хъуы- ды кæнын, фæлæ мæ маст куыдæй райсон, уый нæ зонын. — Хорз, сбад!—загъта нæ раздзог.—Абон сын ис- ты æрхъуыды кæндзынæн. Кулийы ныхæстæ мæм хъыг фæкастысты æмæ æф- хæрд хуызæй мæхи зæххыл æруагътон: „Цымæ мын Кули æцæг тæппуд æнхъæл у?" Фæлæ Мир Фарухæй куыд æмбæлы, афтæ нæ маст куы райстам, уæд ма мæ рох дæр фæци, кæддæр Ку- лийы ныхæстыл мæ зæрдæ кæй фæхудт, уый. Хъуыддаг рауади афтæ. . Мир Фарухмæ уыди иу æгъдау: майрæмбоны уарз- та базарыл зилын æмæ товарты тыхтонтæ скарын. Ираны майрæмбон фæлладуадзæн бæрæгбоныл нымад у. Уыцы бон базаргæнджытæ базар нæ фæкæнынц, фæбадынц сæ хæдзæртты. Ахæм бонты-иу Мир Фа- 43
рух зылди базарыл, алыхуызон товарты бæстытыл йæ къух хæсгæйæ, æмæ-иу гуым-гуым кодта цавæр- дæр зарæг: Ды рæсугъд дæ, æз—хъæздыг, Дæн хъæздыг æмæ рæсугъд, Уарзын хорз æз бахæрын!.. Йæ цард-цæрæнбонты уыцы æртæ рæнхъы йеттæмæ, æвæццæгæн, никуы ницы сахуыр кодта. Куыддæр Кулийæн уыцы зæронд зыдыкайы æгъ- дауы тыххæй радзырдтон, афтæ фыр цинæй йæхи- цæн бынат нал ардта: — Æрхъуыды кодтон! Æрхъуыды кодтон! Хъуы- раны стæн, Мир Фарух ныр нæ къухы ис! Æмæ майрæмбоны, сæумæраджы, хъахъæнджытæ нæ куыд нæ федтаиккой, афтæ базары алыварс цы бæрзонд сис уыди, уый сæрты мидæмæ басæррæтты- тæ кодтам. — Куыд æрæгмæ зыны! — цайгæрдæджы стыр асыччыты фæстæ йæхи æмбæхсгæйæ, хъуырхъуыр кодта Кули. — Тагъд ма кæ! Ныртæккæ йæ ардæм хъæуы,— архайдтон ме ’нæнцой раздзогæн ныфс æвæрыныл. . Уалынмæ мæ хъустыл ауади базары дуары рæхысы дзыгъал-мыгъул, æмæ Мир Фарух æрбазынд. Йæ риуыл дидинæг тъыст, æнæмæт мидбыл худт кæнгæйæ, иæ рæзты узгæ-узгæ æрбафардæг, нæ нæ бафиппайдта, афтæмæй. Йæ зæрдæ цæмæйдæр рухс кæй у, уый бæрæг уыд. Сындæг къахдзæфтæй цыди йæхицæн ныхæстæ гæнгæ:, — Тыхсгæ ма кæ, Мир Фарух, æрцæудзæн ахæм бон дæр, æмæ караван-сарайы хицау суыдзынæ!.. Хе-хе!.. Кулийы бардзырдмæ гæсгæ, кæрæдзийыл чи лæу- уыди, уыцы цайгæрдæджы асыччытæй иу фехæлдтам æмæ йын йæ цайгæрдæг зæхмæ æркалдтам, цæмæй 44
афтæ зындаид, цыма асыкк уаргъхæсджыты æна- рæхстдзинады тыххæй рахауд. Мир Фарух уыцы асыччы цурмæ куы бахæццæ, уæд фыр дисæй йе уæхсчытæ базмæлыдысты æмæ бахъуырхъуыр кодта: — Райсом уын æз фенын кæндзынæн, магусатæ, лсыччытæ куыд æвæрын хъæуы, уый! —уыцы ны- хæстимæ Мир Фарух æргуыбыр кодта æмæ цайгæр- дæг æмбырд кæнын райдыдта. Уалынмæ Кули фæгæпп ласта, зыгъгъуытт — æмæ дур Мир Фарухыл сæмбæлд. Мир Фарух йæхиуыл сындæг схæцыд æмæ йæ алыфæрстæм акаст. Уыцы минут йæ худ йæ сæрæй асхъиудта — уый та йæм ме’мном фæцарæхст. Асыччыты фæстæ æмбæхсгæйæ йыл дуртæ згъæлд- там, бæстæ æхситт æмæ уасæджы уаст сси. Мир Фарух цъил фестад, йæ цъæхснаг, сылваз хъæлæсæй ма хъæр кодта. — Æрлæу! Ма фезмæл! — æваст райхъуысти Кулийы тызмæг хъæр. Мир Фарух сагъдауæй баззад. Йæ цæсгом уыд тарстхуыз.
— Дæуæй йæ маст исы „мастисджыты" къорд^ Сау сыхы чи царди, уыцы Кули та у йæ раздзог. Хъусыс, зæронд къодах? Мир Фарух цыдæр сцъысцъыс кодта, хъæр æм’ кæцырдыгæй фехъуыст, уыцырдæм кæсгæйæ. — Дæуæй йæ маст исы „мастисджыты" къорды уæнг, сыгъдæгзæрдæ уаргъхæссæг Абдуллайы фырт Гасан, — райхъуыст та Кулийы хъæлæс. — Хъусысг æви нæ, зæронд къодах? — Хъусын, — сдыбал-дыбул кодта Мир Фарух-. — Ды дæр, стæй дæ хицау дæр, зæронд хъембыр Теймур-хан, макуы сфæнд кæнат мæнг вексылæй Га- санæй æхца байсын, хъусыс? — Хъусын, — тæссæй æмризæджы ризгæйæ тых- хæй срæцыгъта Мир Фарух. — Ныр та нын нæ зæрдæтæ бахъæлдзæг кæн, дæ уарзон зарæг нын акæн, — загъта Кули. Мир Фарух уынгæг хъæлæсæй сдзырдта: — Æмæ зарын куы нæ зонын, дæ бæрзонддзинадг хисдæр хицау! — Азар дын, зæгъЬш!—фæхъæр та йыл кодта Кули. Мир Фарух йæ къæхты бынæй ныуулæфыд, йæ ных асæрфта æмæ, йæ къух ауигъгæйæ, бауасыд: Ды рæсугъд дæ, æз — хъæздыг Дæн хъæздыг æмæ рæсугъд, Уарзын хорз æз бахæрын!.. Лæппутæй чидæр сæрвасæныл бапъерозы гæххæтт авæрдта æмæ хъæлдзæг цагъд æркодта. Æмæ худæгæй бакъæцæл сты. — Уымæй раст зæгъыс, хæрын бирæ уарзыс,— сдзырдта та Кули. —Æмæ дæ мах дæр хорз куы бафсæстам. Цу, æмæ сæ иууылдæр дæ хицауæн ра- дзур. Цу, фезмæл! Фыр тæссæй зырзыр гæнгæ æмæ фæкæс-фæкæс кæнгæйæ, Мир Фарух кулдуары ’рдæм йæ ных са- рæзта. Мах та йыл дуртæй ралæууыдыстæм, æмæ 46
уымæ бакæсын диссаг уыди, йæхи ма кæм фæцав- таид, уый нал зыдта. Æстæм сæр НÆ „МАСТИСДЖЫТЫ" КЪОРД АХСТ ÆРЦЫД.. НЕППÆТÆН ИУМÆ — ИУ ГАУЫЗЫ АРГЪ Канал куы фехæлдтам, уæдæй фæстæмæ пъæли- цæйæгтæ, фæд смудæг куыйтау, нæ фæдыл зилын байдыдтой. Æцæг агъуыд та ныл, Мир Фарухæй ба- зары астæу куы фæхынджылæг кодтам, уый фæстæ сысты. Мир Фарух, æррайау, горæты ратæх-батæх кодта, куы губернатормæ уади, куы пъæлицæмæ æмæ сын лæхстæтæ кодта, цæмæй йæ „мастисджытæй" ба- хъахъæной, уый тыххæй. Иу бон фæссихор, къазарматы æтте акъоппьг бонасадæн куыд кодтам, афтæ нæ сæрмæ ауыдтам хурмæ цæхæртæ калæг æрцытæ. Кæд нæ бынатмæ арæхстгай фæдфæливæнтæ кæнгæ цыдыстæм, уæд- дæр нæ пъæлицæйæгтæ сбæрæг кодтой æмæ ныл алырдыгæй æртыхстысты. Алидзæн нын ницы хуызы уал уыд, нæхи радтам æмæ нæ пъæлицæмæ акодтой. Адæм нæм цымыдисхуызæй кастысты. Чи нын тæ- ригъæд кодта, чи та цин кодта; иу ма нæм тымбыл къухæй дæр бавзыста. Уалынмæ цымыдисты ’хсæн ауыдтон мæ фыды хæлар Мазлум Алийы. Мæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. — Мæнæ ма Гасан!—зæгъгæ, мæм хъæргæнгæ- йæ къухтæ тилгæйæ æрбацæйзгъордта. Фæлæ йæм пъæлицæйаг джебогъ фæцарæзта. — Уæ, хуыцау, уый куыд у? Ахæстонмæ уæ кæ- нынц?—ныдздзынæзта зæронд уаргъхæссæг. — Тæрсгæ ма кæ, нæ фыды хай! — фидарæй йын загъта Кули. — Гасан сахъ гуырд у, фæлæ Кули, ай- нæг къæдзæхау, кæддæриддæр уыдзæн йæ фарсмæ,. уæ зæрдæ мыл дарут. 47
Пъæлицæйы хæдзармæ куы бахæццæ стæм, уæд ме ’мном, хæйрæгау, нæ хъахъæнджыты ’хсæнты фæ- цъыввытт ласта æмæ нæм цымыдисæй чи каст, уыцы адæмы ’хсæн скуыси. — Æгас цæуæд Гасан Фыццæгæм!—ныхъæр код- та Кули. Пъæлпцæйæгтæй йын чидæр йæ къæбутæн иу цæф нылласта. Кули йæм фæзылд, йæ худæндзаст цæстытæ ныб- бæгъиртт кæнгæйæ, стæй йе’взаг фелвæста æмæ.йæ цæсгом худæджы æнцъылдтæ скодта. — Цæв, фæлæ дын уæддæр дзæбæх куы аир- вæзт! —хъæлдзæгæй ныхъæр кодта Кули. Исчи ма нæ куы алидза, уымæй тæрсгæйæ нæ пъæлицæйæгтæ тагъд-тагъд дуары мидæгæй фæкод- той, стæй нæ акодтой иу уæрæх кæртыл. Кæрты, .хуры цæстмæ, лæууыдысты, пъæлицæмæ исты хъуыд- .даджы фæдыл чи æрбацыди, ахæм мæгуыр адæм. Мах бакодтой иу цавæрдæр зæхбын къуындæг уаты, пъæлицæйы хицауы кабинеты фарсмæ. — Кæдæй-уæдæй махмæ дæр хицæн уат æрхауд- та!—хъазгæйæ загъта Кули.— Æвæццæгæн нæ хъуыд- дæгтæ хорз цæуынц! — Куыд „хорз" цæуынц? — мæсты хуызæй йæм йæ ныхас баппæрста дзыгъуыр Колам. — Ныккæнд- мæ иæ кæй ныппæрстой, уым хорзæй цы ис! — Тагъд ма кæ, — бахудти Кули. — Æз цъысымы фыццаг хатт не скуыси дæн. Ацы агъуыстмæ гыццыл ницæййаг хъуыддæгты тыххæй чи бахауы, уыдоны баппарынц. Стæй ноджы уынджы расыгæй кæй сса- рынц, ахæмты—цыппар æмæ ссæдз сахаты æмгъуыд- мæ, кæнæ сæндæтты кæрæдзийы хæмхудтæ чи срæ- сугъд кæны, уыцы „сæрæн" гуырдты. Ды нырма æцæг ахæстон цы у, уый нæма зоныс. — Æмæ уæд пъæлицæйæгтæ кæнæ чиновниктæ куы нычъырхынц, уæд уыдон та кæдæм баппарынц? — Уыдои дæр ардæм... Мах1" бахъæлдзæг стæм. Хъазæн ныхæстæ кодтам, 48
худтыстæм, зарыдыстæм æмæ кафыдыстæм. Дзыгъуыр Колам ма дуары хуынкъæй хъахъæнæджы мæстæй марын дæр систа: — А нæхион уын дзæбæх куы атыффытт ласта!— адзырдта пъæлицæйагмæ.—Куыд уын аирвæзт, куыд нæ йæ æрцахстат! — Уыдон æрмæст искæйы нард кæрчытæ ахсын- мæ сты рæвдз, — худæгæй мардта Кули. — Ныхъус у, дын, зæгъын! — схъæр кодта пъæ- •лицæйаг. — Кукареку! —уасæджы уаст ныккодта Колам. Иу дыууæ сахаты рацыдаид, афтæ нæ ныккæнды дуар оазыхъыр æмæ дзы æрбазынд пъисыры коса сырх цæсгом. Йæ фæстæ æрбахызт пъæлицæйаг. Пъисыры къухы уыд бæзджын тетрад, йæ саджил хъусы фæс- тæ та кърандас. — Сыстут! —ныхъæр кодта уый. Сыстыны бæсты мах æмхуызонæй ныккæлкæл кодтам. — Ныхъус ут!.. Сыстут! —ногæй та ныййеры кодта пъисыр. Мах рауадз-бауадз кæнгæ сыстадыстæм. — Афтæ, гъе! Æз уæ хъуамæ тетрадмæ бахæс- сон. • Зæгъут уæ нæмттæ... Иугай, уегас иумæ ма дзурут, хъусут? Æрмæст уе ’цæг нæмттæ дзурут! Мах схорхор кодтам. — Банцайут! Адон цыдæр æрратæ куы сты!— баздæхт пъæлицæйагмæ. — Цæй хорз, цæугæ, æз зонын, семæ куыд дзурын хъæуы, уый, — загъта пъæлицæйаг. Лæппутæй та чидæр схудт. — Чи уыд уый? —ехсæй æвзидгæйæ, бафарста пъæлицæйаг. — Æз, — тызмæг хуызæй дзуапп радта Кули. — Ды уыдтæ?.. Мæнæ дын уæдæ! Фæцыди ехсы æхситт, æмæ Кулийы сæрыл цæф æруад. Уый фæстæ цы ’рцыди, уый цæстытыл зын ауа- 4 Ованес Гукасян 49
йынгæнæн у. Цæсты фæныкъуылдмæ бæстæ афтæ сæмхæццæ, æмæ дзы цæвæг марæджы нал æвзæрста. Хъуысти ма æрмæстдæр пъæлицæйаджы æбуалгъ богъбогъ æмæ йæ хъæрмæ чи ’рбазгъордта, уыцы хъахъæнджыты ехсыты æхситт. Рыгæй сулæфæн нал уыд, нæ цæстытæй ницыуал уыдтам. Надтой нæ, фæлæ сыл мах дæр нæ ауæрстам. Бæстæ хъæр- æмахст, æхситт сси. Чи нæ куыд арæхст, афтæ йæ- хи хызта агъуыд сырдты цæфтæй. Уалынмæ æтте æрбайхъуыст кæйдæр мæсты хъæр; — Дæлæ сæ кæртмæ акæнут æмæ сын уым сæ царм сисут! Кусын мæ нæ уадзут! — Хъусын, уæ бæрзонддзинад! Æмæ нæ радыгай пъæлицæйы кæртмæ фæкодтой æмæ нæ фыд надæй аскъуыдтой. Фыр мæстæй’нæ дæндæгты къæскъæс цыд, фæлæ æнæдзургæйæ фæ- рæзтам уыцы фыд цæфтæн. Уыцы фыдæхсæв бафынæй стæм, нæхи кæрæ- дзимæ æнгом нылхъывтам, афтæмæй. Дыккаг райсом нын радтой фæйнæ дзулы къæ- бæры æмæ фæйнæ агуывзæйы, дзыхмæ схæссæн кæ- мæн нæ уыд, ахæм цавæрдæр хъылмайæ. — Ацымут, дзидзайы бас у, — раппæлыди дзы пъæли- цæйы управленийы хæринаггæнæг. Уый дæр уыди мах хуызæн чъизи. Кæд сыдæй мардыстæм, уæддæр уыцы зæрдæхæц- цæгæнæн æхсæнтæ донæй бахæрын нæ бон нæ баци. — Ахæстонмæ уæ нæ арвитдзысты,— хинæйдзаг хуызæй дзырдта дарддæр хæринаггæнæг, — æз æй. зонын. — Цæмæй йæ зоныс?— тарæрфыгæй бафарста Кули. — Фехъуыстон æй, — йæ мидбылты æдылыбын худт бакæнгæйæ, дзуапп радта хæринаггæнæг. — Æмæ йæ кæм фехъуыстай, мæ хæлар?—афарста та йæ Кули, хæринаггæнæджы хуызæн йæ мидбыл- ты бахудгæйæ. 50
— Æз ныртæккæ хицаумæ уыдтæн, физонæг ын бахастон. Æллæх, æллæх, уый физонæгæн цы уарзт кæны! —йæ цæстыты урсытæ сзилгæйæ, загъта хæ- ринаггæнæг. — Гъемæ цы? — Физонæг — кадджын хæринаг у. Йæ бæрзонд- дзинад алы райсом дæр æхсæз уæхсты бахæры, сæ фæдыл та сын дыууæ авджы сырх сæн ауадзы. Сахъ гуырд у! — Æфтъæрынмæ у сахъ гуырд? —бафарста йæ тызмæгхуызæй нæ лæппутæй иу. — Ды дæ дзыхыл хæц! - йæ ныхас ын фескъуыд- та Кули. Хæринаггæнæгæн цыма хъыг уыди, йæ бæрзонд- дзинады кой æгæр кæй кæнынц, уый, уыйау йæ был- тæ тæргай хуызæй фæцъупп кодта, æмæ дарддæр’ сындæггай дзырдта: — Абон аходæн иунæгæй нæ хæрдзæн: абон æм уазæг ис — гауызтæуафæн фабричы хицау — гæспæдин Ибрагим Ашрафи. Мæ мæгуыр хицау, æвæццæгæн, æххормагæй баззайдзæн. Цæй, ницы кæны, Ашрафи куы ацæуа, уæд та йын фондз уæх- сты сфизонæг кæндзынæн... Фæлæ уыцы Ашрафи дæр гуыбындзæл у! — Цæй хорз, — йæ ныхас ын фескъуыдта Кули,— фæлтау ма зæгъ, ахæстонмæ нæ арвитдзысты, уый цæмæй базыдтай? Хæринаггæнæг та йæхи базыхъыр кодта: — Ныртæккæ ахæстæтты къух бакæнæн дæр нæй, седзаг сты æмæ йæ бæрзонддзинад сфæнд кодта сымах гауызтæуафæн фабрикæйы хицау Ашрафийæн раттын, цæмæй фабрикæйы кусат, уый тыххæй. — Гъы, дарддæр та! —йæ былтæ ’хсынгæйæ, сдзырдта Кули. — Йæ бæрзонддзинадæн хорз зæрдæ ис, алкæ- мæн дæр лæвæрдтæ кæны. Ашрафийы нуазæн ба- къуыргæйæ, уый загъта: „Цæй фæуæд афтæ, дæт- тын дын сæ!" Æмæ бафидыдтой. 51
— Дарддæр, дарддæр! — Гæспæдин Ибрагим Ашрафи дæр хорз адæймаг у, уый йæ бæрзонддзинадæн зæрдæ бавæрдта исфа- гайнаг1 гауыз æрбарвитынæй. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æрбарвитдзæни. Физонæг кæнынмæ дæс- ны кæй дæн, уый тыххæй мæнæн та æнæхъæн кран балæвар кодта, федтай! Хæринаггæнæг та æдылы худт кæнгæ йæ писи френчы дзыппæй стыр æвзист æ’хца фелвæста, йе ’взаг ацъыллинг кодта æмæ æхца хъавгæ фæстæмæ йæ дзыппы нывæрдта. Хæринаггæнæг куы ацыд, уæд нæ Кули æрбам- бырд кодта: — Лæппутæ! — загъта уый тыхстхуызæй. — Куыд абæрæг, афтæмæй мах ауæй кодтой иу исфагайнаг гауызыл. Æндæр аргъ нын нæ кæны нæ хицау! Уыцы фабрикæйы нын тыхгуыстæй нæ туг цъир- дзысты, фæлæ газетты та æндæр ныхæстæ кæндзы- сты, ома мæгуыр, дзæгъæл сабиты хъомыл кæнынц, куысты сæ æвæрынц, куыд цæрын хъæуы, уый сын амонынц... Фарæстæм сæр МАХ УДÆГАСÆЙ УАГЪД ЦÆУÆМ ИНГÆНМÆ. НЕ ’НÆУЫНОН ЦÆСТДАРÆГ ИБЛИС ИСАХ Раст æдылы хæринаггæнæг куыддæриддæр загъ- та, хъуыддаг афтæ рауад. Дыккаг райсом нæ пъæлицæйæгтæ акодтой нæ ног хъизæмардонмæ. Уый уыд æдзæрæг кæрты мидæг, талынг, æлыгæй конд хæдзар, йæ алыфарс бæрзонд быру. 1 Исфагайнаг гау ыз — горæт Исфаганы уæфт гауыз. Исфа- гайнаг гауызтæ хъуыстгонд сты сæ рæсугъд хуыз æмæ сæ аив нывæф- тыдтæй. 52
Нæ фæстæ дзыгъал-мыгъул гæнгæ æрбахкæдтой уæззау æфсæйнаг дуæрттæ. Мах фæстæмæ тарст- хуызæй ракастыстæм — уыцы дзыгъал-мыгъулы ба- фиппайдтам тызмæг фæдзæхст: „Абонæй фæстæ- мæ уæхи рухс дунейæ мауал нымайут, ардыгæй уын ацæуæн нал ис!" Гауызуафæн фабрикæ уыдис æртæуæладзыгон хæ- дзары, фæлæ æрмæст иунæг уæладзыг, скълад кæм уыдис, уый дзы зынд зæххæй уæлæмæ, бæстыхай та æнæхъæнæй дæр* уыд зæххы бын. Гъе, уыцы талынг, фæтæгены цырагъæй гæзæмæ рухсгонд ныккæнды мах хъуамæ уæфтаиккам диссаджы рæсугъд гауыз- тæ хъæздгуыты, къупецæгты æмæ ханты галуантæн æмæ хæдзæрттæн. Пъæлицæйæгтæ нæ фабрикæйы дуармæ бахæццæ кодтой æмæ нæ уыцы ран къæсхуыр, йæ цæстыты алы- фарс сау тæлм кæмæн уыд, иу ахæм адæймаджы бар бакодтой. Æз æй ныртæккæ дæр мæ фыны куы фенин, уæд дзы фæтæрсин. Уыцы æндæрг йæ мæллæг къу- хы дардта телтæ æмæ нуæрттæй конд ехс, иннæйы та—æнахъом кусджыты номхыгъд. Æз загътон — æнахъом, уымæн æмæ фабрикæйы æрмæстдæр æртæ разынди Кулийы карæн кусджытæ (æвддæсаздзыдтæ), иннæтæ сеппæт дæр уыдысты мæ карæнтæ. Æндæрг нæ æнæ исты сдзургæйæ бахæццæ кодта агъуысты астæуккаг хаймæ. Цы дæс станочы дзы уыдис, уыдонæй иуыл куыста, йæ цæсгом мæрдон фæлурс кæмæн уыд, ахæм лæппу., Хъысхъысгæнаг табуреткæйыл æрбадгæйæ, æн- дæрг тетрад байгом кодта æмæ карз хъæлæсæй сдзырдта: — Алчи дæр уæ йæ ном зæгъæд! Мах радыгай кæрæдзийы фæдыл дзырдтам нæ нæмттæ. — Хорз. — загъта уый, йæ бадæнæй стгæйæ.— Æз ныртæккæ бынæй сæрвитдзынæн," ахуыр уæ чи кæндзæн, уыцы мастеры. Хъусут æм! Фыдуаг 53
^ ТА
кæнут, йе куыстæй уæхи сайут, уый куыннæ фе- хъусон, афтæ! Рагацау уын зæгъын: уæ царм уын астигъдзынæн. Мæ ном хуыйны Исах! Фæлæ мæ хорз чи зоны, уыдон та мæ хонынц: Иблис Исах. Исах бацыд æрмадзы бæстастæумæ æмæ хъæдын æмбæрзæныл уæлæмæ схæцыд. Бынæй сыхъуыстис æмыр хъæлæстæ, станокты гуыпп-гуыпп. Ивазгæ ныхасæй дзы чидæр командæ кодта: — Ур-сы-тæ... сыр-хы-тæ... бур-тæ!.. Фæстæдæр мах базыдтам, уый уыд мастер, æмæ йæ разы алыхуызон æндæхтæ, афтæмæй райсомæй- изæрмæ, зарæг кæнæгау, уафджытæн дзырдта æн- дæхты хуызтæ. Гауызы бын дихгонд уыд гыццыл квадраттыл æмæ алы квадраты дæр быдтой йæхи хицæн хуыз, нывæфтыды хай аразгæйæ. Уафджытæ хъусынц командæмæ æмæ квадраты куы иу хуыз- джын æндах аласынц, куы иннæ. Кули цæрдæг бауад, иунæгæй чи куыста, уыцы æнахъом уафæгмæ æмæ йæ афарста: — Кæм сты, ацы станоктыл чи кусы, уыдон? Лæппу æрбабукъ, йæ къубал йæ мæллæг уæхс- чыты ’хсæн нылхъывта æмæ, бинаг уæладзыгмæ цæуæн æмбæрзæн дуармæ тарст хуызæй кæсгæйæ, сдыбал- дыбул кодта: — Кæм сты зæгъыс?.. „Æцæг" дунейы... Ахæм къуыри нæ рацæуы, æмæ нæ искæйы ма ахæссой. Лæппу уыд зæронд лæджы хуызæн. — Æмæ цæмæй амæлынц? Рынчын фæвæййынц? — Æххормагæй, надæй, низтæй... — Æмæ хæринаг та цы дæттынц? —бафарста Кули, арф ныуулæфгæйæ. — Бон сау дзулы къæбæр æмæ грохайы цымгæйы къоппа. Кули йæхи аивæзта, ног та арф ныуулæфыд, æмæ нын нæ цæстытæм æнкъард каст кæнгæйæ, з’агъта: — Мæ лымæнтæ, уæдæ ныл нæ бон цы æвзæр хуыккомы талынг кæны! 55
Уымæй бæрæг уыд, суанг ма Кулийы ныфс дæр кæй сæтты. Мах æмризæджы ризын байдыдтам. Чысыл фæстæдæр’бинаг уæладзыгæй схызт Иблис Исах, стæгдары хуызæн мастеримæ, æмæ йын ба- фæдзæхста, мах уафыныл ахуыр кæнын, стæй ау- уонау цыдæр æрбаци. Уый уыди дыккаг Мир Фарух, фабричы хицауы фæндон æххæстгæнæг, йæ иузæрдион куыдз æмæ нæ удхæссæг. Дæсæм сæр ÆЗ АХУЫР КÆНЫН КÆСЫНЫЛ. ЧИНЫДЖЫ КÆСЫН АМ НЫМАД У ФЫДРАКОНДДЗИНАДЫЛ. ФАБРИЧЫ ХИЦАУЫ ФЫРТ. ТУДЖЫ МАЙРÆМБОН Мах иукъорд мæйы фæцардыстæм дунейæ ип- пæрдæй, æххормагæй, алы бон дæр над æййафгæйæ. Уый размæ ма-иу дыууæ мæйы иу хатт уæддæр æрæхсадтам нæхи къанæутты уазал донæй, æмæ нæ чъизи гыццыл ссыд, фæлæ ам та хъуамæ удæга- сæй æмбыдаиккам. 'Нæ дзы уыди нæдæр къанау, нæ абана. Æхкæд ныккæндтæ кодтой хид æмæ чъизи- йы æвзæр тæф. Нæ пыхцыл сæрыхъуынтæ афтæ счъиу сты, æмæ сæ не ’нгуылдзтæ дæр нал ныхстысты æмæ нæ кæрæдзийы хæскæрдтæй æлвыдтам. Алы къуыри дæр-иу æвзонг • кусджытæй исчи амард. Мах отрядæй уайтагъд фæхъуыдысты Æфсæн Самед æмæ Къуылых Аскяр. Нæ фабрикæмæ-иу бахаудысты æрмæстдæр си- дзæртæ æмæ æнæхæдзар сывæллæттæ, мæтгæнæг кæуыл нæ уыд, ахæмтæ, фæлæ бирæтæ фидарæй дзырдтой,—махæй ам лæгтæ рауайы, зæгъгæ. 56
Мах уайтагъд балымæн стæм нæ ног æмбæлт- тимæ: æнамонддзинад адæмы хæстæг кæны. Дæллаг уæладзыджы мæ зæрдæмæ уæлдай тынг- дæр фæцыди иу сагъæсгæнаг, цъæхдзаст лæппу. Уый кæд йæхи æхкæд-зæ^дæ дардта, уæддæр æй иууылдæр бирæ уарзтой. Йæ ном хуынди Кярим. Уый уыд ахуыргæнæджы фырт. Йæ ныййарджытæ амардысты чехоткайæ, æмæ лæппу Иблис Исахы дзæмбытæм бахауд. Цы дзулы хай исы, уый йын нæ фаг кæны, уый зонгæйæ йын æз иу хатт мæ дзулы къæбæр лæвæрдтон, кæд мæхæдæг æххор- магæй мардтæн, уæддæр. Кяримы цъæх ^цæстытæ цæсты сыгæй айдзаг сты, æмæ йын сæ цæмæй мачи фена, уый тыххæй йæ сæр æруагъта æмæ мын мæ къух нылхъивгæйæ, сындæг загъта: — Гасан, ды хорз æмбал дæ! Фæлæ мын мæ дзулы хай нæ бакуымдта, æцæг мемæ тынг слымæн. Иухатт ын æз радзырдтон, æлгъыстаг цард йæ къæхты бын кæй ныссæста, мæ уыцы бæллицты тыххæй, ме стырдæр фæндоны тыххæй — чиныджы сахуыр кæныны тыххæй. Кярим мæ хъусмæ æргуыбыр кодта æмæ сусæгæй загъта: — Æз дæ сахуыр кæндзынæн. Æз сусæгæй мемæ æрбахастон æрмæст иунæг зæрдылдаринаг мæ фы- дæй —чиныг—æмæ йæ стано^ы бын бамбæхстон. Мæ цинæн кæрон нал уыдис. Фæлæ дзы уæддæр ам кæсын нæ сахуыр дæн. Æз базыдтон æрмæстдæр фондз дамгъæйы æмæ уый фæстæ чиныгæй фæцух дæн. Уымæй уæлдай над æрцыдыстæм æз æмæ мæ чысыл хæлар-ахуыргæнæг. Уыдон иууылдæр уыдысты ме ’нæрхъуыдыдзинады аххос. Мæнæй ферох ис, майрæмбонты-иу нæм Ибрагим Ашрафи йæ цыппæрдæсаздзыд фыртимæ кæй æр- цыд, уый. Лæппу-иу фæзынд зынаргъ дарæсы, æмæ йæ къухæй уæгъд нæ уагъта, йæ кæрон судзин фидаргонд кæмæн уыд, ахæм лæдзæг. Уыцы гыццыл 57
зынæрвæссон схъæл хицау-иу æрмæстдæр æрбацыд уый тыххæй, цæмæй нæ разы йæхицæй раппæла, ома, æз фабричы хицауы фырт дæн, зæгъгæ. Уымæй -кæддæриддæр архайдта нæ гуыбыргонд бæрзæйтæ йе ’нæхайыры судзинæй фæрæхойыныл. Уый йæм тынг хорз кастис. Йæ къухтæ-иу, йæ гуыбынджын фы- ды хуызæн, йæ фæсонтыл сæвæрдта æмæ нæ рæзты дыууæрдæм рацу-бацу кодта. Мæ чиныджы ахуыр кæныны æртыккаг бон уыд майрæмбон. Иблис Исах хæстæг кæй нæ уыд, уы- мæй фæпайда кæнгæйæ, æз мæ разы чиныг рафæл- дæхтон æмæ йæм уафгæ-уафын бакæс-бакæс кодтон. Чиныгмæ афтæ зæрдиагæй кастæн, æмæ йæ æмбаргæ дæр нæ бакодтон, фабричы хицæуттæ нæм куыд æрхызтысты, уый. Мах неппæт дæр уыцы æрбацыдтытæй тынг тарстыстæм, уымæн æмæ-иу нæ Ибрагим Ашрафи алы хатт дæр исты азымы бадардта æмæ нæ-иу уый фæдыл æнæтæригъæдæй фæнæмын кодта, йе та лæ-иу æнæхæринагæй ныууадзын кодта. Уыцы бон Ашрафи, мæ разæй чи бадти, уыцы хæбуздзыхъытæ Коламмæ бафиппайдта, гауызты æн- дæхты хуызтæ куыд сæмхæццæ кодта, уый. Мæ сæр дæлæмæ аеруадзгæйæ, æз хъуыстон Ашрафийы загъдмæ. Стæй Коламы йæ къахæй ныццавта æмæ фæхъæр кодта: — Æввонгхортæ, цæстфæлдахджытæ! Хынджылæг скъæрут ам? Æвæццæгæн уæ куыст нæ агурынц. Фæстаг ныхæстæ уыдысты Иблис Исахы ’рдæм арæзт. Æмæ йæм хицау мæсты каст бакодта. — Хорз архайыс, ницы дын.у! Æрмæстдæр мæн хуыздæр куыд астигъай, æмæ дæ мызд куыд райсай, ууыл хъуыды кæныс, æндæр æппындæр ницы ку- сыс! Хицауæн дзуапп раттыны бæсты Иблис Исах йæхи ныццавта æнамонд Коламыл æмæ йæ нæмын байдыдта. 58
„Мæгуырæг!"— ахъуыды кодтон æз, фæлæ йæм фыр тæссæй фæкæсын дæр нæ уæндыдтæн. Кули ныр æртыккаг бон хуыссыди рынчынæй уæлейы, скълады агъуысты. „Уый ам куы уаид,— хъуыды кодтон æз,—уæд дзы стыр фыдбылызтæ рауаид!" Фæлæ фыдбылыз тыхсти мæхи сæрыл. — Мæ фыд! Кæсыс, мæнæ ,цы хъуыддагыл хæст сты, уый!—æнæнхъæлæджы айхъуыстон Ашрафийы фырты хъæлæс. Æз бамбæрстон, мæ къæбут мын йæ судзинæй куыд фæрæхуыста, уый, стæй, æргуыбыр кодта, чиныг айста æмæ йæ йæ фыдмæ балæвæрдта. — Гъери-гъа, мæгуыргуртæ дæр чингуыты кæсын байдыдтой!—фæхъæр кодта Ашрафи, æмæ йæ сæр тилгæйæ зынæрвæссон худт бакодта. — Кæмæ йæ ссардтай?— афарста йæ фырты. Лæппу мæнмæ бацамыдта. Æз мæ сæр дæлæмæ æруагътон æмæ ныхъус дæн. — Æнаккаг! Дæ куыст ныууагътай æмæ афтæ- мæй чиныджы кæсыс? Чиновник, йе хицау суæ- вынмæ хъавыс? Ардæм ма рацу!—фæбогъ ласта хицау. Æз æм тæрсгæ-ризгæйæ бацыдтæн. — Ацы чиныг дæу у?—фæхъæр кодта Ашрафи, чиныджы тигъæй мын мæ сæр тыхджын цæф нык- кæнгæйæ. — Дæу у? Чи дын радта бар ардæм. чиныг æрхæссынæн? Æз дзуапп нæ лæвæрдтон, цы хъуамæ загътаин, уæддæр мæ фæнадтаиккой. — Æрхуыс!—фæхъæр кодта Ашрафи. Æз æрхуыссыдтæн. Æвиппайды æрбайхъуысти Кяримы фæлмæн, ризгæ хъæлæс: — Ма йæ нæмут!.. Чиныг мæн у, æз ын æй рацтон!.. Ма йæ нæмут!.. Дзæгъæлы схъæр кодта йæхи. Мах нæ дыууæйы дæр мæлæтдзаг над фæкодтой. Нæ хъæрмæ йæхи жрæмбæрста Кули. Уый тæфсæгæй сæнттæ цæгъдæгау 59
кодта. Æмæ ныр йæ цæстытæ туджы зилгæйæ, къæ- сæрыл фæзынди. Йе ’лхъывд тымбыл къухтæ кодтой зырзыр, йæ дынджыр æрттиваг цæстытæ цæхæртæ калдтой. — Хъæддаг! —ныхъæр кодта фабричы хицауыл, йæ цæстытæм ын комкоммæ ныккæсгæйæ. Нæ удхортæ фæстæмæ фæкастысты. — Атте йæ кæнут!—схъуырхъуыр кодта Ашрафи. Скълады домбай хъахъæнджытæ Кулийы сæ быны акодтой æмæ йын йæ къухтæ фæстæрдæм сыздыхтой. — Ныппырх æй кæнут! —ныббогъ кодта хицау, йе знаджы састы бынаты уынгæйæ. Иблис Исах æмæ хицауы цыппæрдæсаздзыд лæп- пу хъилтимæ сæхи ныццавтой æнæсæттон кусæгыл. Уыдон æнæтæригъæд над фæкодтой, уый размæ- æртæ боны ризæгæй чи фæсад, уыцы Кулийы. Чиныджы та уый фæстæ судзгæ бакодтой. 60
Иуæндæсæм сæр МАХ ХЪАВÆМ АЛИДЗЫНМÆ. ЛОНДОН, БЕРЛИН, НЬЮ-ЙОРК ÆМÆ НÆ ХИЦАУ АШРАФИ Тугæйдзаг майрæмбон аивгъуыдта, фæлæ йæ сау зæрдылдарæн фæд баззад. Æмæ мах агуырдтам мадзал нæ маст райсынæн. Маст нæ тынг слымæн кодта, æмæ мах цардыстæм иу бинонты хуызæн, иу фæкастæй дæр кæрæдзийы æмбæрстам. Иблис Исах- иу нæ искæйы хъизæмарæй куы мардта, кæнæ-иу æй æнæ сихорæй куы ныууагъта, уæд-иу аивæй нæ кæрæдзимæ бакастыстæм, æмæ нæ цæстæнгас дзырдта: „Мастисæн бон ын æй йæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм!" Тугæйдзаг майрæмбоны фæстæ мах кæд Кулийы сдзæбæхыл нæ зæрдæ нал дардтам, уæддæр та уыцы хъæддых æвзонг лæппу ногæй йæ хуыссæнæй сыстад. Æмæ йæ рынчыны фæстæ фыццаг бон станочы раз куьГрбадт, уæд уыцы изæр йæхимæ „æрыгон мастис- джытæм" фæсидт æмæ, фыр мæстæй зырзыргæнгæйæ, загъта: — Лæппутæ, дарддæр афтæ цæрæн нæй! Ам уаллæтты сæфт фæкæндзыстæм. Цæуыл хъуыды кæ- нут, цæуыл? — Алидзын хъæуы! — дзуапп радтам мах æм- дзыхæй. — Æз дæр афтæ хъуыды кæнын. Махæй алчи дæр æнхъæл уыд, Кули алидзыны пълан сцæттæ кодта, зæгъгæ, фæлæ уый æнкъардæй йæ ныхæстæм бафтыдта: — Æз бирæ фæхъуыды кодтон, фæлæ кулдуæрт- тæ æдзухдæр æхкæд вæййынц, бырутæ та бæрзонд сты.., — Гъемæ... — Алидзын хъæуы, цы фæнды куы уа, уæддæр, фæлæ куыд,—ууыл ахъуыды кæнын хъæудзæн... 61
Уыцы сахат чидæр дуары цур фæзынд, æмæ мах ахæлиу стæм. Уый уыди нæ фыццаг æмбырд æмæ ахицæн æнæ исты пайдайæ. Фæлæ уæддæр сфæнд кодтам алидзын, æмæ уыцы хъуыды мах уагъта стыр ныфс Зын сахæтты мах рæвдыдтам нæхи уыцы хъуыдыйæ, базыртæ ныл сагъта. Фæлæ цы амалæй аирвæзтæуа ардыгæй, уый нын хъуыдыгонд нæма уыди. Иухатт, нæ къæхтæ дзуарæвæрд скæнгæйæ, мах бадтыстæм станокты цур æмæ куыстам. Уалынмæ асинæй райхъуыст къахдзæфты уынæр. Мæнæн мæ бон цъындæй базонын дæр уыди, хъæздыг адæймаг рацæуы мæ рæзты, æви мæгуыр, уый. Нæ горæты бонджын адæм цæуынц сæрыстыр хуызæй, сабыргай, уыдонæн сæ батинкæты хъысхъыс сæ сæрыстыр къахдзæфимæ æмдзу кæны. Æмæ раст уыцы бон дæр мæ хъус ахæм хъыс- хъыс ацахста нæ ныккæнды асины къæпхæнтыл. — Дæ хорзæхæй, дæ хорзæхæй! —козбау сыф- сыф кодта хицау, кæйдæр мидæмæ хонгæйæ. Æз цыбыр рæстæгмæ мæ куыст фæуагътон æмæ аивæй мæ цæст асиныл ахастон æрцæйцæуæг лæг- мæ. Æнæуый-иу хицау куы ’рбацыди, уæд нæдæр æз, нæдæр ме ’мбæлттæ нæ уæндыдыстæм станокæй иу- фарс фæкæсын æмæ нæ куыст фæкъуылымпы кæнын. Уазæг ахæм бæрзонд уыдис, æмæ йæ пæлæхсар худ æндзæвыдис, царæй цы фæтæген цырагъ ауыгъд уыд, ууул. Æрбацæуæг æнæсцухæй дзырдта: „0 кэй, о кэй!" Йæ кæрдæгхуыз цæстытыл æрттывтой тымбыл сыкъа кæсæнцæстытæ, йæ даргъ лыстæг къубалыл та дзедзырой кодта чысылгомау сæр. Йæ уæлæ уыдис зынаргъ чырынтæ скæллад костюм. — Мистер Болдерс, мæ хуыцау ме ’вдисæн, адон иууылдæр сымахæн лæварæн сты,—козбау ныхас кæнгæйæ, ратас-батас кодта Ашрафи.—Иунæг къупе- цагмæ дæр не ссардзыстут ахæм гауызтæ. Мæ фаб- 62
рикæйы гауызтæ фелхæнынц Берлины, Лондоны, ласг цæуынц ноджы дарддæр дæр. Нæ тæбыны хуызæн тæбын нæй, ахорæнты тыххæй та дзурын дæр нæ хъæуы, ивгæ нæ кæнынц. Æз дын зæгъын, мæ гауызтæ уæ фирмæйæн номхæссæны пайда æрхæс- дзысты. Бауырнæд дæ, Нью-Йоркæн æппæты зынаргъ- дæр гауызтæ рахицæн кодтам. — Уыдон иууылдæр хорз сты, — райдыдта даргъ лæг, ирайнаг æвзаг зыгъуыммæ кæнгæйæ, хицау сеппæт æрбацæуджытæн дæр цы иухуызон ны- хас кодта, уый куы фæци, уæд. — Фæлæ гауызтæ махæн цæмæн дæттут, нефть, бæмбæг, тæбын та Берлин æмæ Лондонæн? — Омæ, мистер Болдерс, мæнмæ æрмæст гауызтæ ис—æндæр ницы! — Уый уæлдай нæу. Сымах, ирайнæгтæ, хъуамæ ахъуыды кæнат!.. Æнхъæлыс, Нью-Йорк æмæ Ва- шингтон Берлип кæнæ Лондонæй мæгуырдæр сты? Æви сæ къухтæ райсынмæ нæ ба.ххæсдзысты!.. Бах- хæсдзысты, мæ лымæн лæг, баххæсдзысты... Æмæ исгæ дæр ракæндзысты!.. Йæр мæнæ нефть англи- сæгтæн радтат. Æмæ исты америкæгты нефть нæ. хъæуы? — Куыд нæ ма« сæ хъæуы! — Кæннод тæбын хъуаг не сты? — Кæй зæгъын æй хъæуы, сты! — О кэй! Тынг хорз! Гъемæ мах уыдон дæр айсдзыстæм. Хицау Ашрафийы цæсгомыл ахъазыд хинæйдзаг мидбыл худт. — Ныр бар ратт мæнæн зæгъынæн... — Дæ хорзæхæй. — Æмæ йæ мидбылты бахуд- гæйæ, æрбацæуæгæн йæ цæстытæ ферттывтой. — Кæй фабрикæ у? Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы къæбылаты нæу, нæ? ’— Кæй зæгъын æй хъæуы. — Гауызтæ та кæй сты? — Дæу. 63
— Мæ бон у сæ ауæй кæнын æви нæ? — У. — Кæмæн ауæй кæнын? — Фылдæр чи радта, уымæн. — Гъемæ уæдæ уæ фирмæ фылдæр раттæд, æмæ уæд æз фабрикæ дæр æмæ ацы чъиллонты дæр сы- махæн раттдзынæн. Мæн, мистер Болдерс, мæнæ уый хъæуы, — Ашрафи йе стыр æнгуылдз æмæ амонæн æнгуылдзы уырзтæ кæрæдзийыл асæрфта: —æхца... доллæртæ!.. Раттæд мын Нью-Йорк æхца, раттæд мын бирæ æхца, æмæ æрцахсæд мæ бынат. Æз ын уыдзынæн коммæгæс фæсдзæуин! — 0 кэй, афтæ уыдзæн! — загъта уазæг, æмæ, мидбыл худгæйæ, разыйы хост æркодта хицауы уæхск. Дыууадæсæм сæр ГАСАН ФЫЦЦАГ ФÆЗЫНД ФАБРИКÆЙЫ СИСЫ ÆТТЕ. ÆНÆБАНТЫСГÆ ЛЫГЪД. СЫГЪД. МАХ БАППÆРСТОЙ АХÆСТОНЫ. Америкаг дæргъындзæгимæ йæ базары хъуыддаг хорз кæй рауади, уый тыххæй хицау Иблис Исахæн лæвар ракодта. Исах срасыг æмæ скълады агъуысты ныффынæй. Уыцы нозтæй хайджын уыд скълады хъахъæнæг дæр, домбæйттæ арæзт лæппу, уый-иу рогæн йе уæхскыл æртæ-цыппар уæззау гауызы ба- давта. Уымæ гæсгæ мах уыцы изæр уæгъдгонд уыды- стæм нæ хъахъæнджытæй. Гъе уыцы сæрибардзинадæй фæпайда кæнгæйæ, мах рацыдыстæм пъадвалæй мæйæ рухсгонд, æдзæ- рæг кæртмæ. Нæ алыфарс уыд сабыр. Æрмæст-иу дардæй æрбайхъуыст моллойы кувын. Æвиппайды уынгæй æрбайхъуыстæхситт. Мах фес- тъæлфыдыстæм æмæ лæмбынæг ныхъуыстам. 64
Уый уыд „æрыгон мастисджыты" æхситт. Æхсит- тæн алыхуызон здæхæнтæ дæттгæйæ, махæн нæ бон уыди кæрæдзимæ сигналтæ дæттын. Не „’хситтон дзырдуаты" уыд, мах тынг чи хъуыд, ахæм иукъорд дзырды: „лидзгæ", „тæссаг- у", „дæ бынатæй ма фезмæл", „æнхъæлмæ кæсын", „дзул", „бæндæн", „кард"... — Мæ сæр лыгмæ дæттын, уый Гасан Фыццаг у, — фæхъæр кодта Кули æмæ йæ цæсгом фыр ци- нæй фæрухс. Æз ’дæр йæфæдыл бауадтæн. Сисы æттейæ та ногæй æрбайхъуыст æхситт. — Уый у, Гасан Фыццаг! — Цы зæгъы, цы? —афарстон æй æз, нæ отряды дзырдуат мæхæдæг дзæбæх кæй нæма æмбæрстон, уымæ гæсгæ. — Фæрсы, куыд сты нæ хъуыддæгтæ, куыд нын ис фервæзын кæнæн. 5 Ованес Гукасян 65
— Æмæ йын ды та цы дзуапп радтай? — Æз дзы бацагуырдтон бæндæн. — Уый та? — Зæрдæ сæвæрдта сомизæр æрбахæссынæй. Мах базыдтам, ИблисИсах æмæ хъаЛагъур арахъ иууылдæр нозт кæй нæма фесты, уый, æмæ афтæ ’нхъæл уыдыстæм, зæгъгæ, сæ нозт æнæмæнг дык- каг æхсæв дарддæр ахæццæ кæндзысты. Кулийы хъуыдымæ гæсгæ Гасан Фыццаг хъуамæ сисы сæрты æрбаппæрстаид бæндæны иу кæройг йе ’ннæ кæрон та йын бæласыл бабастаид. - Мах та хъуамæ хæрдмæ сисы сæрмæ иугай бырыдаиккам æмæ бынмæ гæпп кодтаиккам. Æз æмæ Кули нæхимæ райстам сеппæты фæстæ рагæпп кæныны бар. Сисы раз лæугæйæ, Кули хъуамæ æххуыс кодтаид лæппутæн сисмæ хилынмæ, æз та хъахъæдтаин лæгмарты æмæ, мийаг, куы райхъал уыдаиккой, уæд фæдисон сигнал раттаин. Фæлæ уый уыди Кулийы пъланæн йæ фыццаг хай. „Æрыгон мастисджыты" къорды раздзогæн йæ бон нæ уыд æнæ маст сисгæйæ ацы ’ зындонæй ацæуын. Кули сфæнд кодта скъладыл арт бан- дзарын. Дыккаг æхсæв, куыддæр иу цалдæр лæппуйы сисы сæрты ахызтысты, афтæ фабрикæ уынджы ’рдыгæй чи хъахъæдта, уыцы æхсæвгæстæ фæзын- дысты. Сæ хъæртæм æмæ æфсæйнаг дуары хостмæ нæ марджытæ райхъал сты, раст арт скъладыл куы ’ртыхсти, уыцы сахат. Мах, алидзын кæмæн нал бан- тыст, уыдоны æрцахстой æмæ нæ пъæлицæйæгтæ ахæстонмæ акодтой. Куы нæ рацæйкодтой, уæд æз фæстæмæ фæкастæн æмæ пиллонæй рухсгонд къу- лыл ауыдтон Кулийы къухæй мелæй фыст: „Гъе, афтæ зынджы хай бауыдзысты адæмы тугцъир- ты иннæ хуыккомтæ дæри. „Æрыгон мастисджыты" къорд* бб
Æртындсесæм сæр ИУМÆЙАГ КАМЕРÆ. РЕДАКТОР ФЕДАГАР ÆМÆ ЙÆ ЛЫМÆНТÆ. ÆЗ БАЗЫДТОН КÆСЫН-ФЫССЫН. СОВЕТОН ЦÆДИС ÆМÆ ЦЫТДЖЫН СТАЛИНЫ ТЫХХÆЙ. Мах ахæстоны иумæйаг камерæмæ куы баппæр- стой, уæд æнхъæл уыдыстæм, зæгъгæ, нын амæй фæстæмæ фервæзыны амал нал ис. Фæлæ нæм ахæс- тоны уæвын уыйас тæссаг хъуыддаг нæ -фæкасти, редактор Федагар æмæ йæ лымæнты ’хсæн куы фев- зæрдыстæм, уæд. Уыцы камерæйы чи бадтис, уыцы ахст адæмæн сæ фылдæр уыдысты ацæргæ, урссæр, гуыбыртæ, æнкъард, æнцъылдтæ цæсгæмттимæ. Райдианы нæм афтæ фæкасти, цыма семæ тæс- саг у ныхас кæнын. Фæлæ сæ иукъорд боны фæ- стæ бауарзтам. Уыдон махимæ ныхас кодтой, куыд се ’мхуызон æнамонд æмбæлттимæ æмæ нæ рæв- дыдтой, цыма сæхи æнамонд сывæллæттæ стæм, аф- тæ. Мæнæй никуы ферох уыдзæн, уыдонæй иу хатт иу „æттейæ" адджинæгты тыхтон куы райста, æмæ сæ махæн куыд байуæрста, уый, йæхицæн та дзы æр- мæст иунæг гуыл ныууагъта. Мæ ахæстонмæ бахаудыл иукъорд боны куы рацыд, уæд фæрынчын дæн. Æз тынг стæвд дæн, мæ буар дыздыз кодта, мæ сæр тъæппытæ хаудта. Та- лынг камерæйы мæм афтæ каст, цыма мæ сæр рæ- сигæ кæны, стырæй-стырдæр, æмæ ныртæккæ ны- тъæпп кæндзæн... Æппынфæстаг мæхи куы ’рæмбæрстон æмæ мæ цæстæй куы ракастæн, уæд мæ разы ауыдтон редак- тор Федагар æмæ дохтыр Наджаты. Уый загъта: — Æнхъæлдæн, дзæбæхы ’рдæм фæци. Федагар бадт мæ дæлфæдтæм. Æз æрмæст ныр- тæккæ бафиппайдтон, хуысгæйæ-иу йæхи цы рог 67
пъалтойы æртыхта, уый æмбæрзт мыл кæй уыди. Мæ цæст ахастон æмæ ауыдтон мæ уарзон цæсгæмт- тæ — Кули æмæ Коламы. Не ’ннæ ’мбæлттæ бадтысты æндæр камерæйы, Гасан Фыццаг та (уый ахст æр- цыдис не ’нæбантысгæ лыгъды æхсæв), куыд сæйраг- дæр аххосджын, афтæ æппæрст æрцыд зæххы бын къарцмæ. Къарцы тыххæй дзырдтой æбуалгъ дис- сæгтæ. — Кули, — сдзырдтон æз мынæг хъæлæсæй, зын- тæй мæ мидбыл худгæйæ, — Кули... — Мах ам стæм, мæ хур Гасан, мах демæ стæм. — Бирæ фæхуыссыдтæн? — Иуæндæс боны. Фæлæ ныр дзæбæх кæнын байдыдтай. Дæ зæрдæ цы зæгъы? —бафарста Кули, æмæ, йæ къух мæ сæрыл æрæвæргæйæ, баздæхт дохтыр Наджатмæ: — -Дохтыр, тæвд æм нæй. — 0, фæдзæбæхдæр, — дзуапп радта Наджат. — Æнæ афтæ уæвæн ын нæ уыд! —йæ мидбыл- ты худгæйæ, загъта Федагар. „Æрыгон мастисæг" дæр уымæн дæ. Æз æм бузныгхуызæй бакастæн. — Æмæ йæ ды та цæмæй зоныс, æз „æрыгон мастисджыты" къордæй дæн, уый? — Уæ раздзог Кули мын æй радзырдта. — Кули... Кули нæ хисдæр æфсымæр у. — Кули —уе’мбæлттæй иу у, — сдзырдта нæ раз- дзог, йæ сæр æфсæрмы уагъд æркæнгæйæ. Æз ын кастæн йе’ргом цæстытæм, йæ хæлар фæлурс цæсгоммæ. — Кули —фидар лæппу у, æцæг лæг! —загъта Федагар, йæ мидбылты худгæйæ.--Уый тынг пайда уыдзæн нæ хъуыддагæн. Уымæн ис æууæнкджын, хæлар æмæ æхсарджын зæрдæ! Фæстæдæр мын куыд радзырдтой, афтæмæй, мæ фæрынчыны фыццаг бонæй фæстæмæ мæнмæ зилы- ны хæс йæхимæ райста Кули. Фæлæ уæддæр редактор Федагар кæй кой скод- 68
та, уый цавæр „хъуыддаг" у? Ау, мах Кулийæ фæ- стæдæр баззайдзыстæм? Нæ, мах йæ фæдыл цæу- дзыстæм, кæдæм фæнды куы цæуа, уæддæр! Куыд рабæрæг, афтæмæй мæн дзæбæх кодта Федагары хæлар, дохтыр Наджат. Раст зæгъын хъæуы, хостæ йæм нæ уыд, фæлæ мын уый амындтытæм гæсгæ тых- той мæ уазал къæхтæ, мæ ныхыл мын æвæрдтой уазал компресстæ. Редактор Федагар та, мæ цуры бадгæйæ, æнæхуыссæг æхсæвтæ æрвыста. Мæ фæрынчыны размæ-иу æз, Кули æмæ Колам батымбыл стæм иу тæрхæгыл, фæлæ куы ’ррынчын дæн, уаед мæ Федагар сынтæджы схуыссын кодта, йæхи сынтæджы, йæхæдæг та-иу мæ нывæрзæн æр- къул кодта. Куы сдзæбæх дæн, уæд Федагарæн загътон, йæ- хи хуыссæнмæ куыд баива, афтæ. — Афтæ ’нхъæлыс, æмæ æз сывæллон дæн? Кæм æмæ-иу цы уавæрты не’рцыд мæнæн хуысгæ! Æз „мастисджыты" къордæй дæн, сымах та мæ сы- вæллоныл нымайут! — Цæмæн дæм афтæ .кæсы, мах дæ сывæллоныл нымайæм, зæгъгæ, —йæ мидбылты бахудт Федагар. — Бæгуыдæр, сывæллоныл!.. Ды Кулийæ афтæ загътай, уый нæ, хъуыддагæн пайда уыдзæн, зæгъгæ. Æз ын ницы зонын, цавæр хъуыддаджы кой кæнут, уымæн... æвæццæгæн, алидзыны фæнд скодтат æмæ мæныл не’ууæндут. Фæлæ йæ зонут: Кули кæм уа, мах дæр уым. Мах æрмæстдæр мæлæт ахицæн кæн- дзæн кæрæдзийæ! — Æз ууыл гуырысхо нæ кæнын, — загъта Феда- гар, йæ хъæбысы мæ æрбакæнгæйæ. Æз ын радзырдтон, мæн тынг кæй фæнды кæсын- фыссын базонын, радзырдтон ын мæ фыццаг ахуыр- гæнæг Кяримы тыххæй, уый дæр ныртæккæ ахæсто- ны кæй ис. — Уыдæттæ мæнæн зындгонд сты, Кярим дæр Гасанимæ къарцы ис. Цы ’хсæв лыгъдыстут, уыцы ’хсæв Кярим хъахъæнджытæй иуы къухæй золочъи 69
ратыдта æмæ йын дзы ахæм цæф ныккодта, æмæ уый зæххыл афæлдæхт. — Хорз бакодта Кярим! —фæхъæр кодтон æз.— Зоныс, цытæ бавзæрстам, æмæ нæ цас амард уыцы лæгмарты къухæй, уый. — Зонын, — æнкъардæй дзуапп радта Федагар.— Кяримы фыд дæр бирæ фæтох кодта ацы фыдгæн- джытимæ. Мæгуырæг, æгæр раджы амард... Фæлæ махмæ фылдæр тых ис, адæм немæ сты! Æз Федагармæ хъуыстон хæлиудзыхæй, æмæ ме ’взонг зæрдæ фыр цинæй рызти, ацы лæг дæр, цы- ,ма, немæ гауызуафæн фабрикæйы утхар кодта, аф- тæ кæй дзырдта, уый тыххæй. — Сымах бирæ зынтæ бавзæрстат?—бафарстон æй æз. — Ныр мæ æртыккаг хатт баппæрстой ахæстон- мæ. Æз редактор дæн. Нæ газет „Талынгæй рухсмæ" хуынди. — Æмæ исты редакторы куыст фыдраконддзинад у? —афарстон æй æз æнæ хинхуызæй, кæд æй зыд- тон, Федагар æрмæст хорз хъуыддаг йеттæмæ ницы ракæндзæн, уый, уæддæр. Федагар йæ мидбылты бахудт: — Редактор у, газет чи аразы, ахæм адæймаг. Нæ газеты æз мыхуыр кодтон, адæмы’ фыдцард æмæ хъуагдзинæдты тыххæй статьятæ, сымах хуызæн æнæфæхæцæг сывæллæтты царды зын уавæрты тыххæй. — Ды уый цæй тыххæй кодтай? , — Уымæй мах утхарæй мæлæг адæмæн лæвæрдтам ныфс, иу тырысайы бынмæ сæм иудзинадмæ сидты- стæм цагъаргæнджыты ныхмæ тохмæ. — Æмæ сымах... сымах та чи стут? — Мах—адæмы лымæнтæ, цагъаргонд адæмы лы- мæнтæ, революционертæ. Мах адæмы ’хсæн хæлиу кæнæм рухсад, æмбарын сын кæнæм, тыхдзинад æмæ цагъардзинад сæфт цæмæй æрцæуой, уый тыххæй сæ цы кæнынчхъæуы, уый. 70
Мæ цæсты сыгтæ згъалгæйæ, æз февнæлдтон 'Федагары къухмæ, æмæ йын хъавыдтæн аба кæнын- мæ. Фæлæ уый рæвдз- йæ къух аиуварс кодта( æмæ сындæггай сдзырдта: — Нæ хъæуы, æз молло, йе хан нæ дæн. — Æмæ ахæстонæй куы ацæуат, уæд та цы кус- дзыстут? —афарстон Федагары, иу цасдæр æнæдзур- гæйæ абадыны фæстæ. — Ног та газет уадздзыстæм. Адæмы астæу рухс таудзыстæм, царды раст фæндагыл сæ æфтаудзыстæм. Хъомыл кæндзыстæм æцæг адæймæгты, адæмы амон- дыл тохгæнджыты! Мæ цæстыты раз мигъ абадти. — Федагар, — сдзырдтон æз сабыргай, — сахуыр ма мæ кæн кæсын æмæ фыссын. Æз æнæзивæг .ахуыр кæндзынæн æмæ ахæстонæй куы рацæуон, уæд кусдзынæн уæ газеты, æххуыс уын кæндзынæн не знæгты ныхмæ тохы. Федагар йæ къух ме уæхскыл æрæвæрдта æмæ загъта: — Мах раст абон ахуыр кæнын райдайдзыстæм. .Æз байдайдзынæн кусын Кули æмæ Коламимæ-дæр. — Кули кæсын-фыссын зоны, — бафиппайдтон æз. — Уый хорз, фæлæ ахуыр кæнын кæддæриддæр пайда у. Мах ма—æз, дохтыр Наджат æмæ не ’ннæ ’мбæлттæ ныр дæр ахуыр кæнæм. Кули сымахæй хис- дæр у, фæлæ фæсте тынг аззад, ахæм домбайы лæп- пыны та бирæ зонын хъæуы... Раст уыцы бон нæ камерæйы байгом ис æнахуыр скъола, æмæ иукъорд рæстæджы фæстæ æз дзæбæх кæсын райдыдтон. Иухатт куы уыд, уæд Федагар гæххæтты гæ- базыл афыста иу дзырд æмæ йæ махæн рафыссын кодта. Уыцы дзырд уыди: МÆСКУЫ. — Æз зонын уыцы адæймаджы! — фыр цинæй фæхъæр кодтон æз.—Уый хæларзæрдæ у, мах хуызæн æнæхæдзæрттыл хъуыды кæны. 71
йШР ШЩ « ^я |Ш Шй ж ш ш ’ЙШШЙ^ 111 ЛГШЛУГ V/ п/П/Г 1/1/г 72
Федагар мæм дисгæнгæ æрбакаст. Æз ын радзырдтон мастер Сулейманы тыххæйу нью-йоркаг даргъ агенты, хъæздыг æлдæрттæ Ва- шингтон, Берлин æмæ Лондоны тыххæй, стæй туджы майрæмбоны тыххæй../ Федагар мæм хъуыста лæмбынæг, æмæ куы фæ- дæн, уæд афтæ зæгъы: — Ды раст бамбæрстай, æрмæст Вашингтон, Берлин æмæ Лондон адæймæгтæ не сты, фæлæ фæсарæйнаг паддзахæдты сæйраг горæттæ. Уымыты цæрæг хъæз- дыг адæм хъавынц Иран сæ дзæмбытæм æрбайсын- мæ æмæ йын йæ адæмы стигъынмæ. Уыдонæй сæ алкæцыйы дæр фæнды, цæмæй не’намонд бæстæйы хицауиуæг кæна æрмæстдæр уый, æмæ нæ мæгуыр адæм сæ хид æмæ сæ тугæй кæй арынц, уыцы хор æмæ иннæ хъæздыгдзинæдтæ байса. Ираны хицауи- уæггæнджытæ та сын нæ бæстæ уæй кæнынц. Ма- хæн нæ иузæрдион æмбал у æрмæстдæр Мæскуы, уый нын æххуыс кæны ацы мæтыхты сафынмæ, æр- виты нын хор, нæ бæстæйы хъæздгуытæ та ирай- наг хор фæсарæнмæ уæй кæнынц. Адæм Мæскуыйы сты сæрибар æмæ амондджын, уым сымах хуызæн æнæхæдзар æмæ æнамонд сывæллæттæ нæй. — Æмæ уæд йæ шах та чи у уыцы рæдау бæстæ- йæн?—бафарстон æз, сывæллоны æнæхин фарстæй. Федагар бахудт, мæ пыхцыл сæр мын æрсæрфтытæ кодта æмæ загъта: — Уым шах нæй. Уым хицауиуæг адæм кæнынц, адæмы хуыздæртæ — кусджытæ æмæ зæхкусджы- тæй. Уыцы бæстæйæн разамынд дæтты адæмы уар- зон, ’ адæмы ’хсæнæй рацæугæ æмæ адæмы æв- зæрст фæтæг — цытджын Сталин. Уым алы рæтты дæр ис скъолатæ æмæ университеттæ. Уым кусджы- тæ амондджын æмæ æфсæст сты. Уым зæхкусджы- тæ сæрибар сты, ис сæм зæхх. Æз æм хъуыстон, цыма мын кæлæнтæ счындæуыд,. афтæ æмæ нал тарстæн нæдæр ахæстонæй, нæдæр æххормагæй, нæдæр надæй, уымæн æмæ мæ уыр- 73
ныдта, цытджын Сталин нын искæд бон кæй феххуыс кæндзæн, уый. — Фæлæ, — дзырдта дарддæр Федагар, — мах хъуамæ нæ къухтæ нæ дæлæрмтты бакæнгæйæ æн- хъæлмæ ма кæсæм, фæлæ нæхæдæг тох кæнæм. — Æз цæттæ дæн тохмæ!—фæхъæр кодтон æз. — Мах дæр, — райхъуыстысты хъæлæстæ. Æз не ’рхъуыды кодтон, уазал, уымæл пъолыл бадгæйæ, Кули, Колам æмæ иннæ ахæстытæ дæр Федагармæ хъуыстой, уый. — Мах адæм фæуæлахиз уыдзысты, тох куы кæной, уæд, — фидарæй загъта Федагар. Уыцы рæстæг ын йæ дысыл ахæцыд кæсæнцæст- джын æнæдаст, хъуынджын æрыгон ахæст. Уый уыд хуыйæг Седки. Ныр аст азы бадти ахæстоны. Седки хæскардæй фæцæф кодта афицеры, йæ мундир ын бадзырд рæстæгæй дыууæ сахаты фæстæдæр кæй æрбахаста, уый тыххæй йæ куы фелгъыста, уæд. Æрæджы та уымæн бакодта, æмæ Седкийæн уы- цы бон райгуырд фыццаг сывæллон. Чысыл Асад кæй райгуырд, уый тыххæй та фыд ахæстонмæ бахауд. Седки, йæ астæу нæ раст кæнгæйæ, уымæл камерæйы лæвар куыста ахæстоны хицау, йæ хæстæ- джытæ æмæ йæ зонгæтæн æмæ йын уый тыххæй уыд чысыл уæлдай хатыртæ. Уымæн бар уыд „æттейæ" æндах, судзинтæ, тамако æмæ алыхуызон лыстæг дзауматæ исæн. Нæ камерæйы-иу ахæм бон уыди бæрæгбоныл нымад. Седкийы æххуысæй-иу иу схъæздыг тамакойæ, иннæ — сæкæрæй, æртыккаг — цæххæй. Седкийы æгас камерæ дæр бирæ уарзта. — Цы хабар у? —афарста Федагар, хуыйæджы рæсыд, сырх цæстытæм æдзынæг æмæ тарст каст ныккæнгæйæ: уыдон бæзджын æвгты мидæгæй зын- дысты стыр æмæ цæсты сыгтæй седзаг. Седки йæ дзыппæй систа тыхтытæ гæххæтт. — Абон æй райстон... дзулы фæлмæны æвæрд уыд. 74
Федагар тагъд-тагъд гæххæтт райста, йæ алы- фарс ахъахъæдта æмæ йæ æнувыдæй кæсын рай- дыдта. Мах лæууыдыстæм редакторы алыфарс, уый бад- ти сынтæгыл, йе уæхсчытыл пъалто, афтæмæй. Иууылдæр кастыстæм, „æттейæ" хабар чи ’рба- хаста, уыцы гæххæттмæ. Уый зырзыр кодта Федага- ры лыстæг, фæлурс æнгуылдзты ’хсæн. Райдианы Федагар уыди æнцад, хиуылхæцгæ, стæй куыдфæс- тæмæ йæ цæстытæ цæхæр скалдтой, æмæ тыхулæфт кæнын райдыдта. Федагар гæххæтт батыхта, дохтыр Наджатмæ йæ балæвæрдта æмæ йæ уæраг тымбыл къухæй мæсты цæф æркодта. — Герман ныббырста Советон Цæдисмæ! —загъ- та уый. — Уый фыссы Неймат. Немыц хицауиуæг кæнынц нæ бæстæйы. Уыдон бадынц æппæт кусæн- дæтты, уыдоны къухты ис нæ хæдзарад, нæ база- рад, не ’фсад. Алы фирмæты хицæутты хуызы, немы- цаг .инæлæрттæ æмæ афицертæ селфытæ кæнынц гражданон дарæсы,.. Нæ демократты фæдыл зилынц, хъизæмарæй сæ марынц!.. Ираны тыхджын кæны фæндзæм колоннæ! Уыдон нын нæ бæстæ сæфтмæ тæрынц! Федагар ныхъус, иу ранмæ æдзынæг ныккаст, стæй арф ныуулæфыд æмæ дарддæр дзырдта: — Фæлæ, мæ лымæнтæ, Неймат фыссы, махонтæ дзыллæты стын кæнынц, зæгъгæ. Демократтæ рай- дыдтой карз тох ,немыцæгтæ æмæ сæ фарслæу- джытимæ. — Агъа! — цингæнгæйæ фæхъæр кодта дохтыр Наджат. — Немыц æрфидар сты Ираны, фæлæ нæ тых- джын сыхаг —Советон Цæдис — бахъахъæндзæн йæ арæнтæ, нæ бауадздзæн чъылдымы ’рдыгæй йæхи- уыл цæф! Уыцы ’хсæв нын Федагар бирæ фæныхас кодта немыцы, англис æмæ америкæгты тыххæй, æмбарын 75
нын кодта, цы у фашизм, уый. Мах æнæдзургæйæ* хъуыстам. Уыцы рæстæг дохтыр Наджат та йе ’нгуылдзæй сыхаг камерæйы къул хоста. Федагармæ хъусгæйæ, æз уыцы иу рæстæг мæ цæст дардтон дохтыры æнахуыр хи дардмæ дæр. — Уый къул цæмæн хойы? —сындæггай бафар- стон æз Федагары. Федагар бахудт: — Писмойы хабар не ’мбæлттæн хъусын к’æны — сыхаг камерæйы ахæстытæн. Уыдон та дарддæр сæ сыхæгтæн фехъусын кæндзысты, æмæ афтæмæй æгас ахæстон дæр базондзæн ахсджиаг цауты тых- хæй. — Ау, æмæ уын сеппæт камерæты дæр æмбæлт- тæ ис?—бадис кодтон æз. Федагар мæсты худт бакодта. — Сеппæт камерæты дæр æмæ сеппæт ахæстæт- ты дæр, — дзуапп радта уый. Цыппæрдæсæм сæр ФЕДАГАР ПРОКУРОРЫ ЗÆРДÆ ХЪАРМЫ ОНГ СКОДТА. ÆМБÆЛТТЫ БАФХÆРД. „ХУР СКÆСДЗÆН, АРВÆН ÆНУСМÆ МИГЪ- ТÆЙ ÆМБÆРЗТ УÆВÆН НÆЙ!" Никуы мæ ферох уыдзæн уыцы сау бон. Къæвда æнæсцухæй уарыд. Æз, нæ камерæйы решеткæджын рудзынджы раз лæугæйæ, ахуыр кодтон мæ урок. Федагар йæ хъус дардта мæ кастмæ æмæ мæ-иу хаттгай сраст кодта. Æнæнхъæлæджы камерæйы базмæлыдысты æмæ сабыргай ахъус-хъус кодтой ахæстытæ: 76
— Æрбацæуы... прокурор йæхæдæг æрбацæуы! Æз фыццаг хатт фехъуыстон уый кой. Не ’рцах- сты фæстæ немæ иу хатт дæр нæма ныхас кодтой. — Чиныг бамбæхс, — афæдзæхста мын Федагар,— кæсыны дзырд ын нæй. Иухатты чиныджы басыгъд мæ зæрдыл æрба- лæугæйæ, æз чиныг мæ гобаны бын амбæхстон. Нæ камерæйы дуар байгом æмæ къæсæрыл фæ- зынди цалдæр адæймаджы, сæ фæдыл жандармтæ. Æз кæддæриддæр афтæ ’нхъæл уыдтæн, зæгъгæ, прокурор æмæ йе ’мгуыстгæнджытæ хъуамæ æнæ- мæнг уой æфсæддон дарæсы, дзыгъал-мыгъул кæной се ’хсаргæрдтæ æмæ дамбацатæй. Æмæ ныр дисы бацыдтæн, сеппæтæй хъæбатырдæр ахæстытæ дæр-иу стыр тасимæ цы адæмы кой акодтой, уыдон хуымæ- тæджы хæрзарæзт чиновникты дарæсы æнæ хæцæн- гарзæй куы федтон, уæд. Прокурорæн уыдис бур цæсгом æмæ гыццыл разгъор-базгъоргæнаг цæстытæ. Йæ петлицæйæ æт- тæмæ зынди дидинæг. Уый размæ æрбацыд, каме- рæйы астæу æрлæууыд æмæ йыл æппындæр йæ мæллæгдзинад æмæ чысыл асыл куыд нæ фидыдта, яфтæ фæсус хъæлæсæй ныхъæр кодта: — Цæй, рæнхъ алæуут, тагъддæр! Ахст адæм къулы раз рæнхъæй алæууыдысты. Прокурор сындæггай ацыд рæнхъыты рæзты. Æз ын хъуыстон йæ батинкæты хъысхъыс. — Куыд цæрыс? —афарста уый, æнæнхъæлæджы иу ахæсты раз æрлæугæйæ. Цы ахæсты раз æрлæууыд, уый хуынди Айюб, иу æхсайаздзыд зæхкусæг, фæтæнуæхск, урсзачъе зæ- ронд лæг. Йæ урс боцъотæ йæ риумæ хæццæ код- той. Йæ нуарджын хус къухтæй уый æнæдзургæйæ февнал-февнал кодта йæ чъизи халаты хаутæм. — Æз кæмæ дзурын! Къуырма бадæ æви цы?— загъта та прокурор, йæ къах æркъуыргæйæ, æмæ йе ’нгуылдзæй ахæсты цæсгом барæхойгæйæ.—Æз дæ фæрсгæ куы кæнын: куыд цæрыс? 77
Айюб йæ сæр фæстæмæ акодта, прокуроры æн- гуылдзæй йæхи хъахъæнгæйæ æмæ æмыр хъæлæсæй дзуапп радта: — Тыхтæй-амæлттæй улæфæм. Галуанты, мийаг, нæ цæрæм — ахæстоны! Бадæм сымах бардзырдмæ гæсгæ. Дидинæгджын гыццыл лæг йæ къубал сивæз- та æмæ бæзджын æрфгуыты бынæй йæ цæстытæ ферттывтой: — Куы йæ зоныс, цæй тыххæй бадыс, уый, уæд ма дзæгъæл дзæнгæда та цы цæгъдыс! — Цæй тыххæй? Зæгъ-ма, байхъусон дæ’м, — са- бырæй дзуапп радта ахст лæг. — Уый зоны шахы закъон. •— „Закъон, закъон"!.. — схъуырхъуыр кодта Айюб æмæ банцад. Айюбæн ахæстоны мыккагмæ фæбадыны тæрхон æрцыди суанг шах Ахмеды заманты, белæй хъалон æмбырдгæнæджы кæй амардта, уый тыххæй. — Ды та куыд цæрыс? —бафарста дидинæгджын лæг æрыгон лæппуйы. Уый прокуроры æрттиваг ба- тинкæтæм ныккæсгæйæ, мæсты æхсыд кодта йæ былтæ. — Æз?.. Тынг хорз, — йæ сæрыл уæлæмæ дæр не схæцыд, афтæмæй хиуылхæцгæ дзуапп радта уый. — Хуыцауæй бузныг! Гъе, кæсыс, ис ахæмтæ дæр, æмæ ам дзæбæх чи цæры, — баздæхт Айюбмæ,— ды та... Афтæ, ахæст адæмæй хынджылæг кæнгæйæ, про- курор бахæццæ Федагармæ. — Куыд сты хъуыддæгтæ, редактор? —æлхыскъ фарст бакодта прокурор. — Хорз зæланг кæны дæ хъæлæс „Талынгæй рухсмæ?" Йæ былтæ æнгом балхъивгæйæ, Федагар ныккаст камерæйы талынг къуыммæ. — Æнхъæлмæ кæсæм дæ фæстаг статьятæм, — дзырдта дарддæр прокурор, æнаккаг худт кæнгæ- йæ, — фæлæуыдон... ха-ха-ха... уыдон никуыцæй зы- 78
нынц. Уыцы минут райхъуыст æхсæрфарсы тыхджын гæрах æмæ Федагары хъæлæс ныннæрыд: — Ды нырма бакæсдзынæ ме статьятæ, хъæддаг сырд!.. Стæй тынг тагъд! Чысыл раздæр сæрыстырæй чи кæлкæл кодта, уыцы лæг ныццудыдта, фыр мæстæй йæ зырзыр ссыди æмæ йæ риумæ фæлæбурдта. Ныр та худтысты ахст адæм. Фæлæ сæ циндзинад бирæ нæ ахаста. Прокурорæн йæ дæлæрмтты æнцой балæууыды- сты йе ’мбæлттæ. Стæй жандармтæ Федагарыл сæхи ныццавтой æмæ йæ ехсæй нæмын райдыдтой. Иу ын йæ бæрзæйыл сбадти, иннæ та — йæ къæхтыл. Мах нæхи тыххæй урæдтам, фæндыд нæ нæхи уыцы утхарæй марджытыл ныццæвын æмæ сын сæ къухæй нæхи Федагары ратонын, фæлæ дохтыр Наджат фидар хæцыд мæ ризæг уæхсчытыл æмæ ныллæг хъæлæсæй дзырдта: — Сабыр!.. Нæ хъæуы!.. Мах сæ уый фæстæ нæ маст райсдзыстæм. Къæвда тыхджынæй-тыхджындæр кодта. Æвип- пайды арвы нæрынæй сæнкъуысыд камерæ. Стæй къæридорæй æрбайхъуыстис æмыр къæхты хъæр æмæ хъæртæ: — Тæрккъæвда, тæрккъæвда! Дон бинаг этажы йæ быны кæны. — Уадз, æмæ йæ фæбынæй кæна, — фæхъæр кодта фæсус хъæлæсæй прокурор. — Макæйы ауа- дзут. Уадз æмæ ацы куыйтæ фæдæлдон уой. Фæлæ йæхæдæг æмæ йе ’мбæлттæ фæуагътой сæ хъæддаг митæ æмæ камерæйæ разгъордтой. Къæридоры фæтынгдæр сты хъæртæ æмæ раз- гъор-базгъор. Ахст адæм адæргæй рауай-бауай код- той иу къуымæй иннæмæ. — Лæппутæ! — фæхъæр кодта Федагар. — Сæтт- гæут дуар, феххуыс кæнут, къарцы нын цы æмбæлттæ ис, уыдонæн, кæннод фæдæлдон уы- дзысты! 79
Арв æнæсцухæй нæрыди. Мах неппæт дæр нæ уæз ауагътам дуарыл, фæлæ уый гом кæнын нæ куымдта. Къæридоры скъæрццытæ кодтой топпы затвортæ. Уыдон уыдысты хъахъæнджытæ. Ахæстоны хицау сæ сæ къæхтыл слæууын кодта. — Чи уыд уыцы сырд? —бафарстон æз Федага- ры, уарын куы банцад æмæ ахæстон сабыр кæнын куы байдыдта, уæд. — Прокурор. — Йæ ном цы хуыйны? — Цæмæн дæ хъæуы йæ ном! —ныуулæфыд мæ -ахуыргæнæг.—Уый йæ фыдæн у аккаг бындар. — Чи у йæ фыд? — Мир Фарух. Æмæ мæ уæрджытæ тымбыл къухæй æрцавтон: — Тугцъиры фырт! — Æмæ Мир Фарухы зоныс? — Зонын, —дзуапп радтон æз, арф ныуулæф- гæйæ. — Йæ фырт Берлины фашисттæм хъомыл кодта. Уыныс, цы цæстфæлдахджыты къухы ис нæ тæрхон! Мæ зæрдæ куыддæр бамæгуыр. Нæ талынг, уы- мæл камерæйы-иу улæфæн нал уыд, ахæм уæззау æмæ дзы æнуд уыд уæлдæф. Æз аздæхтæн чысыл решеткæджын рудзынгмæ. — Хуры тын! — æнæбары сирвæзт мæнæй. — Хур скæсдзæн, арвæн æнусмæ мигътæй æм- бæрзт уæвæн нæй, — фидарæй загъта мæ хæлар Фе- дагар. Уыцы талынг, тæрккъæвда бон не ’хсæнæй фæ- хъуыдысты нæ уарзон æмбæлттæ — Гасан Фыццаг, Кя- рим, хъæбатыр Аскяр æмæ ноджы бирæтæ: уыдон фæдæлдон сты къарцы. Хур скасти уый фæстæ—нæ зынаргъ æмбæлтты фесæфты фæстæ. 80
Фынддæсæм сæр ССÆРИБАР СТÆМ. ГАЗЕТ ДАЛЫНГÆЙ РУХСМÆ"-йы НОМ ИВД ÆРЦЫД „СÆУÆХСИДТ"-мæ. „ÆРЫГОН МАСТИСДЖЫТÆ" ТА КÆРÆДЗИ ССАРДТОЙ Уæззау зианты, хъизæмæртты æмæ фыдæбæтты фæстæ нæ рæсугъд амондджын райсом ратыдта ахæ- стонæй. Хур æцæгæй дæр скасти! Йæ рæвдаугæ тынтæ, .ирвæзынгæнæг къухтау, бадаргъ кодта решеткæ- джыи рудзынгæй камерæмæ, æмæ нæ хъустыл ауад къæхты уынæр æмæ цины „ура"-йы хъæртæ. — Цы ’рцыд? — афарста Федагар рудзынгæй æрыгон ахæсты,—уымæн ма йæ иу къухыл дзыгъал- мыгъул кодтой саст хЪадаманты гæбæзтæ. — Фынæй стут, æви цы?.. Рацæут æттæмæ — сæрибар! Хъахъæнджытæ иууылдæр фæлыгъдысты. — Ахæстоны хицау та? ~- Уый дæр алыгъд, фашист Шмидтимæ. — Чи дын загъта? Цæмæн алыгъдысты? Фæлæ Федагарæн дзуапп нал радта: ахæсты уымæ не ’вдæлд. Æз, Кули æмæ Колам тыххæй æййæфтам Феда- гар æмæ дохтыр Наджаты ахæстоны талынг къæри- дортæ æмæ асинтыл. Ахæст адæм фыр цинæй сæхи дæр нал æмбæрстой, афтæмæй æттæмæ цæуынмæ бырстой. Алчи дæр сæ йæ хæдзарыл тагъддæр сæмбæлыныл архайдта. Стыр диссаг уыди уыцы адæмы циндзинадмæ кæ- сын! Иуæй-иутæ дзы фыр цинæй афтæ сæнæхъару сты, æмæ сæ къæхтыл дæр нал лæууыдысты, лæхс- тæ кодтой феххуыс кæнынмæ. Иу уæнгджын, дом- бай ахæст йе ’ккоймæ сæргъæвта зырзыргæнæг зæ- ронд лæджы æмæ, тых улæфтгæнгæйæ, тагъд кодта рацæуæнмæ. 6 Ованес Гукасян 81
Ай цы хабар у —æмбисонд, фын, æви æцæгдзи- над у? Уый бахъуыды кæнут, æмæ мах уый тыххæй кæрæдзийы бафæрсын дæр нæ уæндыдыстæм. Ахæстоны дуарæй рацæугæйæ, дохтыр Наджат бапъероз стыхта, зæрдиаг дымд æй скодта, стæй йæ Федагармæ балæвæрдта æмæ загъта: — Раст у: мах ныр сæрибар стæм!.. Скæс-ма, скæс-ма-уæлæ хурмæ! — Ай-гъай, сæрибар стæм! —дзуапп радта Феда- гар.—Ныр та кусынмæ, Наджат! Дохтыр йæ лымæны уæхскыл йæ къух æрæвæрд- та æмæ фæхъæр кодта: — О, ныр хъуыддагмæ! Ацы хуры бын!.. Куыд хуыйндзæн нæ ног газет? Ном ын æрхъуыды ь код- тай? Федагар скаст арвмæ, стæй хурмæ, æмæ, хуры тынтæй йæ цæстытæ цъынд гæнгæйæ, дзуапп радта: — „Сæуæхсидт", Наджат, „Сæуæхсидт". — Æз дæр ууыл ахъуыды кодтон, — загъта На- джат æмæ йæ хæлары йæ хъæбысы æрбакодта. Раст уыцы заман райхъуыст цины хъæртæ. Мах- мæ æрбацæй ’ввахс кодта,ныккæндæй чи разгъордта, ахæм фæсивæды къорд. Уыдонæй сеппæты æрыгон- дæр, й& дзыккутæ пыхцыл, хъæлдзæг цæсгом ын, махæй дыууæ къахдзæфы æттæдæр æрлæууыд, йæ ныхæй йæ дзыккутæ аиуварс кодта, цингæнгæ ба- каст Федагармæ æмæ йæ хъæбысмæ йæхи бап- пæрста. — Федагар, Федагар, рацыдтæ ды дæр?! Мах та дæ камерæты агуырдтам! Наджат, чи ныл æрæмбырд, уыдоны къухтæ æл- хъивгæйæ, дзырдта: — Бузныг, æмбæлттæ!.. Нæ фервæзынгæнджытæ, федайтæ!..1 „А-гъа, уæдæ адон сты нæ æттейы æмбæлттæ!" — 1 Федай — уд уæлдай. Афтæ хуыйнынц Ираны демократтæ, сæ уд уæлдай гæнгæйæ чи тох кæны адæмы сæрибарыл, уыдои. 52
хъуыды кодтон æз æмæ сæ мæ хъæбысы акæнынæй мæхи тыххæй урæдтон. Мæн фæндыди сеппæтæн дæр фæбатæ кæнын,æзуæ æнæкæрон бирæ уарзын, зæгъгæ, сын зæгъын. Фæлæ æфсæрмы кодтон. — Зæгъут-ма мын, — дзырдта мидбыл худгæйæ Наджат: —куыд сты хъуыддæгтæ? Æрыгон лæппу (уымæн уæддæр йæ хивæнд бе- цыкк йæ ныхыл æрхаудта) размæ ракодта йæ хис- дæр æнгуылдз æмæ, йе ’взагæй æркъæрцц гæнгæйæ, дзуапп радта: — Адæм сыстадысты!.. Фæндзæм колоннæ дæ- рæнгонд æрцыд. Фашисттæ æнæ фæстæмæ фæкæс- гæйæ лидзынц. Махмæ та — сæ фæсфронт хъахъæ- ныны тыххæй — æрбацæуынц советон æфсæдтæ. — Кæсыс, — баздæхт Федагар дохтыр Наджатмæ,— æз уын нæ дзырдтон, нæ цæгатаг сыхæгтæ сæ арæны æдасдзинад бахъахъæндзысты, зæгъгæ! — Ноджы, —дзырдта дарддæр æрыгон лæппу, — хуссары ’рдыгæй Иранмæ æрбахызтысты англис- америкаг æфсæдтæ. — Æмæуыдон та цæмæн хъæуынц?— бафарстадох- тыр Наджат.—Исты уыдоны арæнтæ дæр нæ бæстæйы æмбуар сты? . — Эх, Наджат, Наджат! —загъта Федагар. Ау, нæ йæ ’мбарыс? Уыдон хъавынц нацистты бынат ба- цахсынмæ. — Æмæ уæд махæн та цы кæнгæ у? — Хъус-ма, Иаджат, дæуæн абонæцæгæй дæр дæ сæр фæдзæгъæл. Уый дыл нæ фидауы... Цы кæнгæ нын у та цы хоныс?— сæрыстырæй фæсивæдыл йæ цæст ахаста Федагар. — Мах дарддæр дæр хæццæ кæндзыстæм, нæ адæм цы кадджын хъуыддаг рай- дыдтой, уый, æмæ.нæ бæстæйы сæвæрдзыстæм æцæг дем-ократон æгъдæуттæ. — Омæ æз дæр ууыл дзурын! — сывæллоны худт бакæнгæйæ, фæхъæр кодта Наджат. Чи ныл æрæмбырд, уыцы æрыгæттæй иу На- джатмæ бапъероз балæвæрдта: 83
— Адым, дохтыр, ды кæй уарзыс, ахæм тамако у! — Уый ды дæ, Салим? — Наджат йæхи баппæрс- та æрыгон лæппуйыл. — Æз, дохтыр, æз, дæ наборщик. Æз цæттæ дæн ацы секунд типографи скусын кæнынмæ. — Ныронг та цы куыстай? — Типографи æхкæд куы ’рцыд, уæд дыууæ хатты ахæстонмæ бахаудтæн, æмæ дыууæ хатты дæр алыгъ- тæн. — Тынг хорз! —фæхъæр кодта Федагар, набор- щикмæ йæ къух бадаргъ кæнгæйæ. Нæ куыст дæ хуызæн лæппуты хъуаг у. Æмæ кæрæдзийы къухтæ нылхъывтой. Æз мæхи нал баурæдтон, базгъордтон сæм, ных- хæцыдтæн уыцы дыууæ æфсымæрон фидаргонд къу- хыл æмæ сдзырдтон: — Æмæ уæд ’мах та?.. Мах нæ ферох кæндзыс- тут —мæн, Кули, Коламы? Зæрдæ нын куы ’вæрдтат уæхимæ айсынæй! Федагар бахудтис: — Гасанæй рауайдзæн æцæг газетуæйгæнæг! — бафиппайдта Наджат. Æз сæрыстыр хуызæй мæхи нысхъæл кодтон. — Æмæ уæд мах та? — йæ ныхас баппæрста Ку- ли. —Мах та цы кусдзыстæм? — Тыхсгæ ма кæнут, — дзуапп радта Наджат, йæ мидбыл худгæйæ,—типографийы куыст уеппæты фаг дæр разындзæн! Кули фыр цинæй тымбыл къухæй басхуыста Ко- ламы фарс. Колам йæ фарсыл фæхæцыд, фæгуыбыр, стæй йæхи фесхъæл кодта, йæ дзыхы дзаг ныххудти æмæ хъавыд йе ’мбалы хъазтæн фæстæмæ ахæм дзуапп раттынмæ, фæлæ йæ Федагары цæстæнгас баурæдта: — Фæауæрдут тымбыл къухтыл, уыдон уæ ныр- ма ’бахъæудзысты! Уалынмæ нæ хъустыл ауадис цины хъæртæ. Уы- дон уыдысты, иннæ камерæты чи ■ бадт, нæ уыцы æмбæлгтæ. 84
— Æгас цæуæд „æрыгон мастисджыты" къорд!— фæхъæр кодта Кули, йæ тымбыл къух уæлдæфы тилгæйæ. Фæлæ нæ куы анымадта, уæд йæ цæсгом фен- къард: къорды уæнгтæй се ’мбисы бæрц фæхъуыд. Æхсæрдæсæм сæр ÆЗ ФЫЦЦАГ ХАТТ УЫНЫН СОВЕТОН ÆФСÆДТÆ. НОГÆЙ ТА МИР ФАРУХ. ЦÆМÆИ У МИР ФАРУХ ÆНКЪАРД Дыккаг бон горæты цæхæрадоны дуармæ фем- бæлыныл баныхас кæнгæйæ, æз фæхицæн дæн ме ’мбæлттæй, æмæ талынг, рыгæйдзагкъуырма фæзилæн- тыл рацыдтæн горæты сæйраг уынгмæ. Æз цымыдисæй кастæн, йæ цæсгом æмбæрзтæй чи хаста, уыцы сылгоймæгтæм, сæ мæллæг, бæгъæм- вад сывæллæттæм. Уыдон дуæртты раз сæмбырд сты æмæ хъæлдзæгæй ныхас кодтой. Сæ хæдзары къæсæрæй дæр чи никуы ракаст, сывæллæттæ æмæ хæдзары сагъæсæй йæ хъуырмæ чи уыд, уыцы фæ- лурс, æфхæрд сылгоймæгтæ уыцы бон уыдысты æна- хуыр хъæлдзæг æмæ амондджын. Ацы талынг горæты æз ахæм цин æмæ хъæлдзæг- дзинад никуыма федтон. Адæм кæрæдзийæн хъæбыс- тæ кодтой, фыр цинæй куыдтой, чердæм цæуон, уый не ’мбаргæйæ, дыууæрдæм сцоппай сты. Афтаз банхъæлæн уыд, цыма уыдон дæр, мæнау, ахæстонæй рацыдысты! Мæ сæр зылди, хæдзары сæртæй, рудзгуытæй æмæ балкъонтæй цы кæлмæрзæнтæ æмæ худтæ тылдтой, уыдонæй мæ цæстытæ тартæ кодтой. Фыр цинæп расыгау сдæн æмæ адæмы гуылфæны рацу-бацу код- тон. Æвиппайды мæ хъустыл ауадысты æнахуыр музыкæйы зæлтæ. Хъæрæй цагътой трубатæ, фан- 85
фарæтæ, гыбаргыбур кодтой барабантæ. Адæмы фæй- нæрдæм схойгæйæ, æз размæ рабырстон æмæ мæ дзых ныххæлиу, афтæмæй размæ æдзынæг нык- кастæн. Æмæ мæ цæстыты раз фæзынд диссаджы ныв. Уынджы æвзыгъд къахдзæфтæй цыдысты хæстон- тæ, сæ джебогътæ ’рттывтой хурмæ. Разæй цыди æфсæддон оркестр. Хуры тынтæ тæмæнтæ калдтой сыгъзæринхуыз инструменттыл. Æфсæддонты хъæ- батыр цæсгæмттыл хъазыд циндзинад, адæм сын сæ къæхты бынмæ æппæрстой дидинджытæ. Чи сты, цымæ, ацы адæм, нæ уынг кæй руаджы схъæлдзæг ис, уыдон? Бæрзонд, хæрзконд адæм, рæ- сугъд дарæс сæ уæлæ, хъæлдзæг цæ.сгæмттæ сын, цъæхдзастытæ. Мæ цæрæнбонты никуы федтон, нæ адæм ирайнаг салдæттыл ахæм цинимæ æмбæла,уый. Уыдон-иу æскъуыдтæ дарæсы, æнкъард æмæ фæлла- дæй искуы иу хатт фæцæйцыдысты рыгæйдзаг уынгты. Фæлæ уыцы салдæттæ заргæ нæ кодтой — зарыны бон сыл нæ уыд. Сæ командиртæ та-иу цæуджытыл хъæртæ кодтой, æмæ-иу æнæхатырæй ныдздзæхст ластой, йæхи аиуфарс кæнын-иу афойнадыл йæ къу- хы кæмæн нæ бафтыд, уыдоны... Чи бауæндыдаид уыдонæи сæ фæндагыл дидинджытæ байтауын! Уый нæ, фæлæ-иу адæм лидзынмæ фесты, куыддæр сал- дæттæ горæты уынгты æндæргты хуызæн фæзын- дысты, афтæ. Фæлæ абон... Адæмы хъæлдзæгдзинад æмæ иумæйаг циндзинад уыд аргъауы хуызæн. Раст цыма фыны уыдтæн, уыйау батъæпп кодтон, мæ фарсмæ чи лæууыд æмæ йæ худы зæронд хæрдмæ чи ’ппæрста, уыцы лæппуйы æмæ йын йæ хъусы ныхъæр кодтон: — Уырыссæгтæ! Уырыссæгтæ!.. Мæнмæ нæ кæсгæйæ, лæппу йæ хъæлæсы дзаг айста: — О, о... советон æфсæдтæ, уырыссæгтæ... шура- 86
ви\ сæрибаргæнæг æфсад! —Æмæ та „ура" хъæр- гæнгæйæ ногæй йæ худ уæлæмæ фехста. Цы амондджын хъуыддаг у!.. Мæнæ сты гъе, шу- рави, уырыссæгтæ, Федагар-иу кæй кой кодта, уы- лон! Æмæ æз лæгæрстон размæ, цæмæй, кæмæ бæл- лыдтæн, уыдонимæ баиу уыдаин, уый тыххæй. — Æфсымæртæ, æфсымæртæ, ауадзут мæ, ауадзут мæ уыдонмæ, — айхъуыстон æз мæ’ фæстæ ацæргæ лæджы уынгæг хъæлæс. Æз фæстæмæ фæкастæн. Адæм фæхæлиу сты, йæ хъуджы чи скъæрдта, уыцы урссæр зæхкусæгæн фæндаг дæттгæйæ. — Ауадзут мæ... Æз ацы хъуджы горæтмæ æр- баскъæрдтон, ауæй йæ кæнон æмæ дзы хъалон ба- фидон, зæгъгæ, фæлæ йæ ныр нывондæн хæссын ацы намысджын хъæбатыртæн. Зæронд лæг хъуджы æфсады размæ куыд батард- та, æмæ йæ дуртыл куыд æрхуыссын кодта, уый æз нал федтон. Æрмæстдæр ма ауыдтон, уæлдæфы хъа- ма куыд ферттывта, уый. Командир бæхыл бадгæйæ батагъд кодта „нывондхæссæджы" бакъуылымпы кæ- нынмæ. Фæлæ цалынмæ зæхкусæг цины цæсты сыгтимæ командирæн лæхстæ кодта, цæмæй йын „нывонд æрхæссын" бауадза, уый тыххæй, уæдмæ йæ фырт хъуджы æрбаргæвста, йæ фыды фæндон сæххæст кодта. Сырх-сырхид туг сæмхæццæ ис, зæхмæ чи згъæлд, уыцы дидинджытимæ. Хурскæсæны нывонд æрхæссын у уазæджы ны- майын æмæ уарзыны стырдæр нысан. Æрвнæрæны „урайæ" æнкъуыстис уæлдæф. Мæнæн фыр цинæй мæ зæнгтæ дыдæгътæ кодтой. — Фылдæр кæнæнт уырысы тыхтæ! Цытджын Сталинæн ура! Мæ зæрдæмæ арф бахъардта, бызгъуыртæ æм- 1 Шурави — советон æфсæдтæ. 87
бæрзæнæй тыхт сылгоймаг йæхи советон афицертæй иумæ куыд баппæрста æмæ йæм йæ сывæллоны куыд бадаргъ кодта, уый: — Ахъæбыс кæн мæ гыццыл хъæбулæн, уырыс- саг æфсымæр, ахъæбыс!Уадз æмæ уый дæр суа дæу хуызæн хъæбатыр, домбай, дæуау уый дæр йæ адæ- мы тухи æмæ хъизæмарæй фервæзыныл тох кæна. Æрыгон командир æргуыбыр кодта, йæ тыхджын къухтæй систа æрдæгбæгънæг сывæллоны æмæ йын ахъæбыс æмæ аба кодта. Йæ цæстытæ ныхъоппæг кæнгæйæ, сывæллон бахудт æмæ йæ гыццыл къухтæ баивæзта хæстоны фуражкæмæ; ууыл тæмæнтæ калд- та сырх стъалы. — Уæдæ цы хæларзæрдæ адæм сты ацы уырыс!— дзырдтой адæм, къордтæ-къордтæй лæугæйæ. — Æгас цæуæд адæмты хæлардзинад! Ура нæ фыд — цытджын Сталинæн! Ме ’взонг хъæлæс баиу ис тыхджын, æнæбанцай - гæ „ураимæ". Нæй сеппæтæн радзурæн, уыцы бон цы бавзæрстон æмæ федтон, уыдонæн. Стæй араст дæн караван-сараймæ. Мæн фæндыд мæ хæларзæрдæ Сулейманы ссарын æмæ йын ахъæ- быс кæнын, фæндыд мæ уымæн зæгъын, æз абонæй фæстæмæ сидзæр кæй нал дæн. Караван-сарайы дуармæ ауыдтон... Мир Фарухы.. Фæстаг æртæ азы уый ноджы тынгдæр ныддым- сти, йæ мысты цæстытæ та ноджы тагъддæр згъо- рыы байдыдтой йæ нарст цæсгомыл. Мир Фарух уыд мæрдон фæлурс. Мæн куы бафиппайдта, уæд бахъуыр- хъуыр кодта æмæ фæндагæй иуфарс фæзылд. „Акæс-ма уымæ! —ахъуыды кодтон цингæнгæйæ.— Мир Фарух æнæ загъд æнæ ’ртхъирæнтæй фæстæ- мæ куыд фæзылд!" Фæлæ мæ хъуыдытæ бирæ нæ ахастой. Уайтагъд. мæ бафиппайдтой. Караван-сарайы зонгæ къуымæй мæ размæ згъордта зæронд дзабыргæнæг Сулейман. Мæнмæ тагъд кодтой уаргъхæсджытæ, мæ фыды хæлæрттæ. Йе ’ккой уæззау уаргъ кæмæн уыд, иу 88
ахæм та йæ уаргъ аппæрста, æрбазгъордта мæм æмæ мæ йæ хъæбысы ныккодта. Уый уыд Мазлум Али. — Мæнæ ма кæдæй-уæдæй мæ лæппуйы фед- тон... — дзырдта Али, мæ чъизи, сау цæсгомæн батæ кæнгæйæ. — Мæнæ цæййас лæг сси, мæнæ! — айхъуыстон Сулейманы хъæлæс. Æмæ мыл дзабыргæнæг дæр цинтæ кæнын райдыдта Æз сын радзырдтон мæ фыдæбæтты тыххæй. Куы фæдæн, уæд мæ Сулейман афарста: — Лидзæг, зæгъ-ма дæ хорзæхæй, райсомæй фæстæмæ мæм кусынмæ цæудзынæ æви нæ? Æз бахудтæн: — Мастер, райсомæй фæстæмæ æз ахæм хъуыд- даджы кусын райдайдзынæн, æмæ неппæтæн дæр амонд чи ’рхæсдзæн. — Уый кæм? — Типографийы. Федагар æмæ йæ лымæнтæм. 89
— Æмæ куыд, махмæ нал цæудзынæ? — Цæуылнæ, цæудзынæн! Æз уæм цæудзынæн алы бон дæр, мемæ-иу æрбахæсдзынæн газет „Сæуæ- хсидт", æмæ уын кæсдзынæн мæ ахуыргæнæг Федагары статьятæ, зæххыл цы цæуы, уыдæтты тых- хæй. — Æмæ кæсын зоныс? —бадис кодта мæ фыды :хæлар Али. — Зонын, — загътон æз худгæйæ. — Сахуыр мæ кодтой ахæстоны. — Уый дын гъе! Уый дын Гасан, гъе!—цин- гæнгæйæ дзырдтой уаргъхæсджытæ. — Хуыцауы уазæг у, — æваст сдзырдта Мазлум Али. — Æз дæуыл бирæ фæсагъæс кодтон. Цы фæци цымæ уыцы сидзæр, зæгъгæ, мæхи хордтон. — Кæд мæлгæ акодта, гъе давджыты къордмæ бахауд? Фæлæ хъуыддаг бынтон æндæрхуызон рауад. Куыд цин кæндзæн Абдуллайы уд дзæнæты!.. Хорз лæппу дæ рауадис!.. Райсомæй фæстæмæ типографийы кусын райдайдзынæн, зæгъыс, нæ? Иуныхасæй, пъисыры :хуызæн уыдзынæ. Æмæ дыл уæд афтæмæй быз- гъуыртæ дарæс куы ис... Нæ, ды махмæ ма кæс, — æмæ йæ сæр батылдта, — мах афтæмæй дæр искуыдтæ фæцæрдзыстæм. Дæу та дарæс хъæуы. Цом ма ду- канимæ, цалынмæ йæ нæма сæхкæдтой, уæдмæ. Æз цалдæр краны бамбырд кодтон бахъуаджы бонмæ, æмæ дын дзы дæ уæлæйæн исты балхæнæм. Куы амæлон, уæд мæ ме ’мбæлттæ афтæ нæ ныууадздзы- •сты/ искуыдтæй мæ баныгæндзысты. Æз мæ цæсты сыгтæ тыххæй баурæдтон, мæ ный- Аарджыты дæр сæ лымæнтæ баныгæдтой, уый мæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд. — Мир Фарух та цытæ архайы? —иучысыл фæхъусы фæстæ, афарстон Сулейманы.—Цыдæр æн- къард у, куы мæ ауыдта, уæд иннæрдæм азылд. Сулейман ныххудт. — Ныссагъди дзы! Чи йæм цард, уыцы нацист Шмидт фæлыгъд. Мир Фарух та афтæ ’нхъæлдта, 90
зæгъгæ, йæ йæ царды бонты фыдбылызæй чи хъа- хъæна, ахæм иузæрдион æмбал ын ис. Лидзæджы агъуысты æрцардысты демократтæ. Куыд дзурынц, афтæмæй немыцагæн йæ документтæ йæ къухы нал бафтыдысты, стæй сæ басудзын дæр йæ бон нал сси. Чи у, уый зоныс? Караван-сарайы хицаумæ-иу цы кæсæнцæстджын къæсхуыр франк æрбацыд, уый, йæ кæсæнцæстытыл иу авг йеттæмæ куы нæ уыд! Иу- хатт иу уаргъхæссæгæн лæдзæгæй йæ бæрзæй дæр куы ныххафт ласта, стæй йæ лæдзæджы кæрон куы асæрфта, цыма йын чъизи сси, уый хуызæн. Гъемæ разындис немыцаг фашист, цавæрдæр инæлар... Ныр документтæ ныууагъта, афтæмæй алыгъд. — Цавæр документтæ? — бафарстон æз дисгæн- гæйæ. — Мир Фарухы чъизи цæсгом чи æргом кæны, «ахæмтæ. — Кæс-ма дæ хорзæхæй! Уæдæ Мир Фарух фа- шисттæн æххуыс кодта? — Уæдæ уый цы у!? Æвддæсæм сæр ТИПОГРАФИЙЫ. „ÆРЫГОН МАСТИСДЖЫТЫ" КЪОРД ХЪУСЫ ФЫЦЦАГ ЛЕКЦИМÆ. ИБЛИС ИСАХЫ РАНЫХАС Дыккаг бон изæрæй мах уыдыстæм типографийы. Уæттæй иу нысангонд æрцыд экспедицийæн — ам æвæрдтой газеттæ, фыстой сыл адрестæ. Кули афтæ зæрдиагæй куыста, афтæ рæвдз зылд- та мыхуыргæнæн машинæйы стыр цалх, æмæ дис- саг! Уыимæ йæ зарынæй не ’нцад. Æз ног костюмы мидæг типографийы куы фæзындтæн, уæд мыл тынг бацин кодтой. Кули мæ йæ хъæбысы ныккодта, стæй мын апъа кодта. — Афтæ хъуамæ арæзт уой ныр „æрыгон маст- исджытæ"! — загъта уый. Ууыл бамæт кодтой нæ хисдæр æмбæлттæ. Изæ- 91
рæй типографимæ фæзынд дохтыр Наджат стыр дзаумæтты тыхтонимæ. Æрдæгбæгънæг лæппутæ сæхи ныццавтой уыцы дарæсыл, алчи дæр дзы йæхи аккаг дзаума æвзæр- ста. Уыдон æрбарвыстой, Федагары лымæнтæй ма ахæстонмæ бахауынæй чи аирвæзт, уыдон. — Æмбæлттæ! — загъта Федагар, лæппутæ сæ уæлæ сæ дарæс куы скодтой, уæд. — Цæй æмæ афтæ бакусæм, цæмæй райсом рацæуа нæ газет „Сæуæх- сидт"-ы фыццаг номер. Бауынаффæ кодтам, райсом хуры скастмæ газет рауадзын. Æмæ куыстам æгас æхсæв дæр. Наборгæнджытæ æнæдзургæйæ тагъд æмбырд код- той, редакцийæ цы статьятæ хæццæ кодтой, уыдон; уым, стъолы цурæй не стгæйæ, куыстой Наджат æмæ Федагар. Куыст йæ тæккæ тæмæнмæ куы бахæццæ, уæд, къæсæрыл фæзынди цавæрдæр æрыгон лæппу, йæ алыфæрстæм къæмдзæстыг каст акодта. Æз æм хæс- тæгдæр бацыдтæн æмæ йæ бафарстон, цы йæ хъæуы, уымæй. Уый мыи æфсæрмыгæнгæйæ бамбарын кодта, ома йæ редакторы фенын фæнды. Æз æй Федагармæ бахæццæ кодтон. — Æмдзæвгæ? — бафарста Федагар, къухфыстмæ æркæсгæйæ, æмæ йæ бакаст: МÆ АМОНДДЖЫНДÆР БОН Рæсугъд хурау сыстад нæ амонды бон Нæ быдырты, хъæдты, цъæх денджызты сæрмæ. Сæрибары цъиу дæр йæ базыртæ, зон, Ныттыхта нæ фæзты, цъæх.денджызы сæрмæ. Ныссастам, æмбæлттæ, æнустæм цагъар! Кæцы нын нæ уæнгтæ рæхыстæй æлвæста. Тæхгæ ут, цæргæстæ! Фæсурут мæйдар, Хъæбатыртæм сидут, æрхъал кæнут бæстæ. Хъадамантæ фехсдзыстæм, сног уыдзæн цард..* Уæ риуты дзаг сулæфут, уарзон æмбæлттæ! 92
Нæ домбай цæргæстæ, æвдисут æхсар, Уæрæхдæр ныггом кæнут уалдзæджы дуæрттæ! Нæ зæххы хъæбултæ, у сымахмæ нæ сидт! Нæ кусджытæ! Таут сæрибарад æппæтыл! Фыдгултæн нæ бакуымдтат басæттын сымах, Уæ тырысатæ сты ныр кадджын дунетыл. Кæсут-ма, æмбæлттæ! Кæсут-ма сымах, Рæсугъд бон куыд хъазы нæ сæрмæ! Сæрибары цъиу дæр пæрпæргæнгæ стахт Нæ быдырты, хæхты, цъæх денджызты сæрмæ. Тынг хорз, ныммыхуыр æй кæндзыстæм!.. Ды чи дæ? — Студент, — дзуапп радта лæппу, фæсырх æмæ йæ сæр дæлæмæ ’руагъта. — Молодец, зæрдæйы тугæй фыст у! Уыцы ныхæстæй студент фæныфсджын, тынг ныл- .хъывта Федагары къух æмæ загъта: — Æз рагæй фыссын, фæлæ сæ кæм ныммыхуыр кодтаин, уый нæ уыди. Зæронд газеттæ... уæхæдæг сæ зонут... Фæлæ абон у мæ царды бонтæн сæ тæккæ амондджындæр! — Æмæ уæдæ де ’мдзæвгæйы уымæн схуыдтай „Мæ амондджындæр бон!" Хорз! „Сæуæхсидт" дингæнгæйæ мыхуыр кæндзæн ахæм уацмыстæ. Æр- бахæсс та-иу, æрбахæсс!—загъта Федагар, æмæ сту- денты уæхск æрхоста. Æхсæв аивгъуыдта æнæнхъæлæджы, æмæ мах дзырд куыд радтам, афтæ „Сæуæхсидт" райгуыр- дис хуры фыццаг тынтимæ. Тагъд-тагъд ахæргæйæ, æз, Кули, Колам æмæ ма иукъорд æмбалы нæ дæлæрмгты газетты тыхтæттæ акодтам æмæ разгъордтам уынгмæ. Сахат дæр нæма рацыдис, афтæ фæстæмæ æрбаздæхтыстæм типо- графимæ афтидæй. — Иунæг экземпляр дæр уæм нал баззад?—нæ размæ фæци Федагар. — Раст нын сæ нæ къухтæй скъæфтой!—кæл- кæл кодта Кули. — Кæсыс, Наджат,—дзырдта Федагар, йæ къух- 93
тæ кæрæдзиуыл æууæрдгæйæ, — афтæмæй дзы нæ- хицæн иунæг экземпляр дæр нæ ныууагътам, иууыл- дæр сæ ауæй кодтой. — Ницы кæны!—дзуапп радта дохтыр.—Адæм сæххормаг сты, æмæ сæ хъуамæ æфсадæм. Уыцы бон мах горæты стыр агъуыстытæй иуы хъуыстам фыццаг лекцимæ. Горæты алы кæрæттæй æмбырд кодтой кусджытæ, æрмгусджытæ, уаргъ- хæсджытæ—сæ дарæсмæ гæсгæ фылдæр мæгуыртæ. Куыд нæ цин кодтаиккам мах, сырх хъуымацæй æмбæрзт стъолы уæлхъус нæхи Федагар куы фæзын- ди, уæд! Нæ тыхджын къухæмдзæгъдæй агъуысты къултæ фæцæйтыдтой. Къухæмдзæгъд куы фенцад æмæ уынæр куы ’рсабыр, уæд Федагар арф ныуулæфыд, йæ сæр фæ~ стæрдæм акодта æмæ райдыдта дзурын: — Граждæнтæ, æмбæлттæ, æфсымæртæ æмæ хотæ!.. Æмæ иу сахаты бæрц зæрдæбынæй фæныхас кодта адæмы хъуагдзинæдты тыххæй. Мæнмæ афтæ каст, цыма йæм фыццаг хатт хъуыс- тон. —Цæмæй нæ адæм куыд æмбæлы, ахæм цард кæ- ной, — дзырдта Федагар, — уый тыххæй хъуамæ нæ бæстæйы æппæт хъæздыгдзинæдтæ дæр райсæм нæ- хи къухтæм, рарæдувæм сæ, нæ адæмы бæрзæйыл чи бады, уыцы æндæрбæстæгты дзæмбытæй, æмæ сæ фæсурæм, нацистты куыд фæсырдтам, афтæ... Са- разæм иæ амондджын цард нæхи къухтæй! Цы хорз- дзинад нын радтой нæхи хантæ, цæмæ ’нхъæлмæ кæсæм æндæрбæстæгтæм?.. Æнæмæнгæй, фæтых- джындæр кæнын хъæуы демократон змæлд, баууæн- дын хъæуы, адæмы ’хсæнæй чи рацыд, уыдоныл, кæцытæ, сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, тох кæнынц нæ сывæллæттæн рухс æмæ хъæлдзæг, фидæн сара- зыныл. .Æвæстиатæй байгом кæнын хъæуы скъола- тæ, бавналын хъæуы нæ бæстæйы зæххы хъæздыг- дзинæдтæй пайда кæнынмæ, раттын хъæуы куыст, 94
сыдæй чи мæлы, уыцы адæмæн. Мауал дæттæм нефть англисæгтæн, уыдон æй махæй исынц асламæй, махæн та йыл нæ хид ныккæлы... Фашизм дæрæнгонд æр- цæудзæн æппæт дунейы дæр! Сымах уæхæдæг знон федтат, ныронг нæ бæстæйы æдзæсгомæй цы немы- цаг фашисттæ хицауиуæг кодтой, уыдон уырыссæг- тæй куыд лыгъдысты, уый. Ам æрæмысын æмбæлы номдзыд поэт Фердоусийы ныхæстæ. Уымæй шах Махмуд хынджылæг кæнын куы райдыдта, уæд ын Фердоуси ахæм дзуапп радта: ... Æз домбай дæн, Афтæмæй мæ ды та фыс фæхуыдтай... Федагар банцад, залы бадджытæ сыстадысты.. Аф- тæ зынди, цыма мах иууылдæр иу адæймаг уыдыстæм, æмæ нæ риуты иунæг зæрдæ цавта. Адæм хæрдмæ æппæрстой сæ хъулон, ивд худтæ. Зал æнкъуысти цины хъæртæй: „Æгас цæуæд уырыссаг адæм! Æгас цæуæд Сталин!" Æз кастæн Кули, Колам æмæ иннæ- ты амондджын, цинæйдзаг цæсгæмттæм. -- Æмбæлттæ! — райхъуыст æвиппайды дохтыр Наджаты хъæлæс. — Кæй фæнды, уымæн раныхас кæ- ныны бар ис. Æмæ уыцы сахат трибунæйæ раныхас кодта фæ- лурс, мæллæг зæронд лæг; уый аивта æрыгон лæп- пу, уый фæстæ та схызтис сылгоймаг. — Хуыцауы бафæндæд æмæ æппынæдзух дæр уырыссæгтæ уæлахиз куыд кæной, хуыцау сын бирæ цæрæнбон раттæд, нæ сывæллæттæн сæрибар æмæ амонд чи ’рбахаста! —дзырдта уый, йæ зæронд цæс- гом æмбæрзæн иуфарс аппаргæйæ. Уалынмæ, дын, аразгæ мидбыл худтимæ, йæ сау мæллæг къухтæ йæ риуыл сæвæрдта, афтæмæй æнæс- цухæй куы галиуæрдæм, куы рахизæрдæм йæ сæрæй кувгæйæ, трибунæмæ схызт... Иблис Исах. — Атте йæ кæнут!.. Ахъуыдты у!..—райхъуысти мæсты хъæлæстæ. — Фæлæуут! Байхъусæм, цы зæгъдзæн, цымæ! 95
— Лæгмар! — Фыдгæнæг! Фæлæ Иблис Исах йæ цæст дæр нæ фæныкъуылд- та. Хъæртæ хъуыды дæр нæ кæнгæйæ, уыцы козбау худтимæ æнцад æнхъæлмæ каст. Залы адæм чысылгай æрсабыр сты. Мæ хъустыл уади сæ мæсты улæфт. — Гæспæда!..Ома, æз æфсымæртæ зæгъынмæхъа- выдтæн!.. Мах, ремесленниктæ, кусæм хицæутты къухы. Уыдон æхсæн ис æвзæртæ дæр æмæ хæрзтæ дæр... — Раппарут уыцы сырды! —райхъуысти мæстæй- дзаг æрыгон хъæлæс. — Раппарут уыцы тугцъиры! Æз базыдтон хъæргæнæджы æмæ йæм азылдтæн. Уый хъæр кодта Кули. Лæппуйæн цыд йæ зырзыр, архайдта Иблис Исахыл йæхи ныццæвынмæ. Иблис Исахæн кæд фыр тæссæй йæ гæрттгæртт цыд, уæддæр архайдта козбау худт кæныныл, Кулимæ каст æмæ æнæсæрбæрæг дыгъал-дыгъул кодта: — Уый ды дæ, Кули?.. Хе-хе!.. Дæ бон хорз, æмбал... — О, æз дæн! —ныннæрыд Кули.— Дæхи айс ар- дыгæй, Иблис, науæд дын æз дæ уд сæппардзынæн! Стыхджын хъæлæба. Федагар æнæрынцойæ дзæн- гæрæг цагъта, фæлæ йæм хъусæг нал уыд. Æппынфæстаг цавæрдæр домбæйттæ арæзт лæппу- лæг трибунæмæ рæвдз сгæпп кодта, фæхæцыд Иблис Исахы бæрзæйыл æмæ йæ дæлæмæ æрæппæрста. Æстдæсæм сæр „СЫРХ ТЫРЫСА РЕЙХСТАДЖЫ СÆРМÆ!" МÆН БАЛХÆНЫНМÆ ХЪАВЫНЦ. ÆЗ КАРЗ УАЙДЗÆФ КÆНЫН РАЙГУЫРÆН БÆСТÆЙЫЛ ГАДЗЫРАХАТÆЙ ЦÆУДЖЫТÆН Иу рæсугъд сæумæрайсом æз горæты уынгты фæ- цæйзгъордтон, мæ дæларм ног газеттæ, афтæмæй. Мæ’рахиз къухы уыд ног газет, уый раст тыры- сайау мæ сæрмæ тыртыр кодта. 96
— Уæлахиз! Уæлахиз!— хъæр кодтон æз цин- гæнгæйæ. — Сырх тырыса рейхстаджы сæрмæ! Цæуджытæ мæ минутæй-минутмæ урæдтой, æмæ зырзыргæнаг къухтæй скъæфтой газеты бæрæгбо- ны номер. Уыцы бон нæ газет „Сæуæхсидт" æцæг уыди бæрæгбонхуыз: йæ фыццаг фарсæй хъæлдзæг æмæ йæ мидбылты худгæйæ кастис нæ цытджын Сталины цæсгом, йæ бынмæ та ставд дамгъæтæй фыст уыдис: „Диссаджы сæумæрайсом!" зæгъгæ. Уый уыд 1945 азы, майы 9-æм бон. Тыхулæфт гæнгæ, æз фæмидæг дæн, горæты цент- ры цы чайхана уыдис, уырдæм. Ам мæм-иу алы райсом дæр æнхъæлмæ кастысты кусджытæ, æрмгусджытæ, уаргъхæсджытæ. Нæ газет-иу кæддæриддæр уæй кæнын райдыд- там хурскастимæ. Никуы байрæджы кодта, ацы хатт та фæкуыстам æхсæв-бонмæ. Чайханайы уайтагъд стыхджын æнахуыр уынæр. Адæм фыр цинæй сæхи кæрæдзийы хъæбыстæм æппæрстой, иуæй-иутæ та раст сывæллæттау куыд- той. Æвиппайды мæм чидæр фæхъæр кодта: — Газетуæйгæнæг, ардæм ма рауай! Стъолы фарсмæ бадтысты æртæ нæлгоймаджы — бур, æлгъаг цæсгæмттæ сын. Уыдонæй иу йæ пид- жачы дзыппæй систа уырыссаг арахъы авг æмæ дзы цайцымæн агуывзæтæм уадзын райдыдта. — Хорз хабæрттимæ нæм фæзындтæ,—загъта уый, фæлывд худт кæнгæйæ. — Рацу, баназ махимæ уæлахизы тыххæй! Æз мæхи фæстæмæ раластон, цыдæр фыддзинад аразынмæ хъавынц, уый æмбаргæйæ, æмæ дзуапп радтон: — Уæлахизы тыххæй æз разы дæн мæ уд рат- тынмæ дæр, фæлæ арахъ нæ нуазын. — Бануаз!— загъта æнæзонгæ, уыцы мæнгард худт кæнгæйæ, æмæ мæм агуывзæ æрбадардта. — Абон хъуамæ иууылдæр бануазой. 7 Ованес Гукасян 97
— Æз мæ фыдæн дзырд радтон, кæй никуы нуаз- дзынæн, уый тыххæй. — Æмæ чи у дæ фыд?—мæ ныхас мын фæлыг кодта æнæзонгæ.—Уый цавæр адæймаг у, нуазыны бар дын чи нæ дæтты, уæлдайдæр та абоны хуызæн бон! Æз фестъæлфыдтæн æмæ дзурæджы йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ сбарстон, мæ фыдьГрухс цæсгом куыд худинаг кæны, зæгъгæ. — Мæ фыд уыд уаргъхæссæг Абдулла,—загътон æз, мæ маст тыххæй уромгæйæ.— Уый ныр æгас нал у. — А-а-а, — аивæзта æнæзонгæ, цыма йын тынг хъыг уыд, уый хуызæн. — Афтæ, афтæ. Мæрдты йын удыбæстæ уæд! ■ Æз фæстæмæ фæзилынмæ куыд хъавыдтæн, аф- тæ мын æнæзонгæ мæ дысыл фæхæцыд: — Æрбайхъус-ма, рауæй ма мын кæн ацы газет- тæ сеппæт дæр. — Сеппæт цæмæн? —дисгæнгæйæ бафарстон æз.— Æртæ газеты уын раттдзынæн, кæд уæ хъæуы, уæд. Газет бакæсын кæй фæнды, ахæмтæ абон тынг би-' рæ ис, æгас горæт дæр! Лæг йæ мидбылты худгæйæ, йæ сæр батылдта: — Ды мæ нæ бамбæрстай. Мах фæнды дæ газет- тæ иууылдæр нæ заводы кусджытæн райсын, уыдон ныртæккæ станокты раз сты æмæ, сæ бон нæу ацы номер балхæнын. — Кæд сымах заводы хицæуттæ стут æмæ тынг цин кæнут уæлахизы боныл, уæд ахæм цытджын бон цæмæн кусын кæнут кусджыты? Суæгъд сæ кæ- нут, уадз æмæ уыдон дæр иннæтимæ саразой бæрæг- бон æмæ газет дæр сæхæдæг балхæндзысты. — Нæ рауæй кæндзынæ? — мæсты фарст мæ акодта уый. — Æз уын æй загътон. — Бафиддзынæн дын дыууæ, æртæ аргъы. — Газетты æмуæз мын сыгъзæрин куы ранымайай, уæддæр уын сæ нæ ауæй кæндзынæн, — загътон æз æмæ рараст дæн рацæуæнмæ. 98
— Фæлæу-ма, фæлæу! — айхъуыстон мæ фæдыл. Æз фæзылдтæн. Фыр мæстæй йæ дзых ныззылын, афтæмæй æнæ- зонгæ йæ дзыппæй систа æхцадон, байгом æй кодта æмæ дзы сласта, чи сбур, иу ахæм гæххæтт цал- дæр дыдагъы тыхтæй. — Æмæ дын уæд мæнæ гъе уый куы радтон, уæд та, рауæй сæ кæндзынæ?—сындæг бафарста уый, мæ цæстыты размæ гæххæтт даргæйæ. — Уый цы у?—фæдис кодтон æз. — Дæ фыды вексыл, уаргъхæссæг Абдуллайы хæс. Æз сагъдауæй баззадтæн... Мæ зæрдыл æрба- лæууыд мæ мады амард, Мир Фарух, мæ фыды æм- бæлттæ æмæ сæ иуы ныхас: „Нæ хойы хай, ацы вексыл мæнг вексыл у!а Æз дисгæнгæйæ кастæн, æнæзонгæйы къухы цы ивд гæххæтты гæбаз уыд, уымæ. 99
— Гъы, куыду, разы дæ?—аивæзта уый, цъаммар худт кæнгæйæ, æвæццæгæн хъуыды кодта, басастон æй, зæгъгæ. — Æмæ ды та чидæ?—бафарстон æй æз мæсты- йæ. — Цæмæн ис дæумæ уыцы мæнг вексыл? —Æз?—бахудти уый. — Æз дæнТеймур-ханыфырт. —Æз та дæн Мир Фарухы фырт, æвдисæн,— йæхи фæтъыста стъолы раз бадджытæй иу. Æз базыдтон прокуроры, раздæры „раст суды" минæвары. Мæ туг мæ сæрмæ ныццавта. — Уыцы вексылмæ гæсгæ мæнæй æхца райсын уæ къухы бафтдзæн æрмæстдæр уæд, æмæ та ногæй куы сбадат уæ фыццаг бынæтты. Нæ „Сæуæх- сидт" та æз нæ уæй кæнын райгуырæн бæстæйы уæй- гæнджытæн!— загътон æз. Æмæ тагъд къахдзæфтæй чайханайæ рацыдтæн... Изæры фæллад æмæ тæвдæй типографийы къæ- сæрæй куы бакастæн, уæд ауыдтон Федагары, дох- тыр Наджаты, газет „Сæуæхсидт"-ы наборгæнджы- ты æмæ „æрыгон мастисджыты" къорды æппæтуæнг- ты дæр; уыдон бадтысты æвгтæ æмæ алыхуызон хæринæгтæй дзаг стъолы алфæмблай. Кули мæ йæ разы сбадын кодта æмæ мын мæ къухы фæсагъта сырх сæны агуывзæ. Æз бакастæн сæнмæ, стæй мæ алыфарс мæ амондджын æмбæлттæм, стæй та ноджы сæнмæ æмæ сдзырдтон: — Æмбал Федагар, æз ард бахордтон мæ фыдæн, мæ цæрæнбонты кæй никуы нуаздзынæн, уый тых- хай... Фæлæ абон... ацы амондджын бон... — Бануаз!—фæхъæр мыл кодта Федагар. — Ацы бон дын уыцы бар ис! Уаргъхæссæг Абдулла ацы бонмæ куы фæцардаид æмæ нæ фынджы уæлхъус куы бадид, уæд дын бар раттид бануазынæн, стæй йæхæдæг дæр бануазад немæ. Æмæ æз банызтон æппæт фæллойгæнджыты фыды æнæниздзинады тыххæй — цытджын Сталины цæрæн- боны тыххæй. 100
* :}: * Ууыл фæцис Гасаны радзырд. Æртыккаг аз рацыд, æз Гасаны куы нæ уал уы- нын, уæдæй нырмæ. Дзурынц, зæгъгæ, дам, уый но- гæй ахæстонмæ бахауд. Бадзырд æххæст кæнгæйæ, советон хицауад йе ’фсæдты ракодта Иранæй. Ныр уым хицауиуæг кæнынц америкæгтæ æмае англисæгтæ, кæд бадзырдмæ гæсгæ, уыдон дæр хæсты фæстæ се ’фсæдты хъуамæ уырдыгæй ракодтаиккой, уæддæр. Ираны фашисттæ та ногæй сæ сæртæ схъил кодтой. Газет „Сæуæхсидт" æхкæд æрцыд, йæ кусджытæ æмæ йе ’нувыд кæсджытæй та бирæтæ ахæстæтты бадынц. Фæлæ цымæ уыдæттæ иууылдæр афтæмæй баз- зайдзысты! „Мæ ныфс никуы сæтты!"—фидарæй дзырдта Га- сан. Уымæн йæ ныфс нæ састи. Æмæ мæн фидарæй уырны, иу рæсугъд, дисса- джы райсом та Гасан ногæй кæй рацæудзæн йæ та- лынг ахæстонæй.
СÆРГÆНДТÆ Авторы разныхас •* •* Фыццаг сæр. Мæ фыды амард æмæйæ баныгæнын. Мир Фарух ... 8 Дыккаг сæр. Сидзæр. Мæнг вексыл. Мæ мад фæрынчын 10 Æртыккаг сæр. Мæ мад дæр амард. Мæ фыды хæлæрттæ мæ сæ дæлбазыр æрбакодтой 19 Цыппæрæм сæр. Æз бацыдтæн кусынмæ цырыхъгæнæг Сулейманмæ. Уый мын дзуры царды мæнгарддзинæдты тыххæй. Мир Фа- рух зилы мæ фæдыл 21 Фæндзæм сæр. Мир Фарухы"^ батинкæтæ. Æз алыгътæи. Æхсæвиуат тыгъд быдыры 30 Æхсæзæм сæр. Æз бацыдтæн „мастисджыты" къордмæ. Нæ раздзог Кули 35 Æвдæм сæр. Мах нæ маст исæм, мæгуырты дон чи байста, уыцы пъамещыкæй. Нæ маст исæм Мир Фарухæй 40 Æс/пæм сæр. Нæ „мастисджыты" къорд ахст æрцыд. Неппæтæн иумæ— иу гауызы аргъ 47 Фарæстæм сæр. Мах удæгасæй уагъд цæуæм ингæнмæ. Не ’нæуынон цæстдарæг Иблис Исах 52 Дæсæм сæр. Æз ахуыр кæнын кæсыныл. Чиныджы кæсын ам нымад у фыдраконддзинадыл, Фабричы хицауы фырт. Туджы май- рæмбон 56 Иуæндæсæм сæр. Мах хъавæм^алидзынмæ. Лондон, Берлин, Ныо-Йорк æмæ нæ хицау Ашрафи 61 Дыууадæсæм сæр. Гасан Фыццаг фæзынд фабричы сисы æтте. Æнæбантысгæ лыгъд. Сыгъд. Мах баппæрстой ахæстоиы. 64 102
Æртындæсæм сæр. Йумæйаг камерæ. ^едактор Федагар æмæ иæ ль1- мæнтæ. Æз базыдтон кæсын-фыссын. Советон Цæдис æмæ цытджын Сталины тыхх&й • . 67 Цыппæрдæсæм сæр. Федагар прокуроры зæрдæхъармы онг скодта. Æмбæлтты бафхæрд. Дур скæсдзæи, арвæн æнусмæ мигъ- тæй æмбæрзт уæвæн нæй!" . . . • 76 Фынддæсæм сæр. Ссæрибар стæм. Газет „Талынгæйрухсмæл-йыном ивд , æрцыд „Сæуæхсидта-мæ. „Æрыгон мастисджытæ’та кæрæдзи ’ ссардтой - 81 Æхсæрдæсæм сæр. Æз фыццаг хатт уынын советон æфсæдтæ. Ногæй та Мир Фарух. Цæмæн у Мир Фарух æнкъард 85 Æвддæсæм сæр. Типографийы. „Æрыгон мастисджыты" къорд хъусы фыццаг лекцимæ. Иблис Исахы раныхас 91 Æстдæсæм сæр. „Сырх тырыса рейхстаджы сæрмæ!" Мæн балхæнынмæ хъавынц. Æз карз уайдзæф кæнын райгуырæн бæстæйыл гадзырахатæй цæуджытæн 96
Автор Ованес Гукасян. Облож. художника В. В. Лермонтова. Редактор Н. К. Мамиева. Худож. редактор Р. П. Скакун. Технич. редактор А. С. Доценко. Корректор М. Б. Савкуева. Сдано в набор 7/Х—54 г. Подписано к печати 28/ХН Формат бумаги бОхЭ^^Дс Печат. листов 6,5. Учетно- изд. листов 4,54. Заказ № 3921, Издат. № 156. Тираж 3.100. ЕИ04779. Цена 2 руб. 35 коп. Северо-Осетинское книжное изда- тельство г. Орджоникидзе, Дом Советов, 5-й этаж. Республиканская книжная типография г. Орджоникидзе, ул. Джанаева № 20