Author: Томайты М.  

Tags: æрымысгæ  

ISBN: 978-5-7534-1348-2

Year: 2013

Text
                    Тошйты Мисурхан
Адæймагæй
адæймаджы
æхсæн
4%^
Дзæуджыхъæу
2013


Томайты Мисурхап Адæймагæй адæимаджы æхсæн
84(2Рос=Осе) Т-65 Томайты М. Т—65 Адæймагæй адæймаджы æхсæн [Текст] /М. Томайты — Дзæуджыхъæу: Ир, 2013 — 127 ф. Томаева М.М. От человека к человеку 15ВМ 978-5-7534-1348-2 Искренние, глубоко правдивые рассказы и с такой нежной любовью и щемящей носталыией поведанные воспоминания М. Томаевой затрагива- ют самые тонкие струны души, наполняют ее своим тихим добрым светом... т"'г" *-" м<2Р~-°"> © ГУП РСО—Алания «Издательство «Ир», 2013 © Томаева М.М., 2013 15ВИ 978-5-7534-1348-2 © Григорян В.С., оформление, 2013
ЧЫСЫЛ РАЗНЫХАС Ацы радзырдтсе мæм зынынц рухс радзырдтæ. Сæхи рухсæй чи рухс кæнЫу ахсем радзырдтæ. Кæрæй-кæронмæ сæ бакæс, уæд сæ иу ахæм къуым не ссардзынæ, уыцы рухс кæдæм нæ хæццæ кæны. Мæ ныхас æппæлæн ныхас макæмæ фæкæсæд. Радзырдтæ чи бакæса, уый сын сæ хъуæгтыл дæр бамбæлдзæн, — хъуæгтæй хызт та кæцы аивадон уацмыс нæ уыд! Фæлæ æз радзырдтæ куы бака- стæн æмæ сæ нæ нырыккон ирон радзырдтыл куы абарстон — уæдæ цымæ уыдонæй цæмæй хицæн кæнынц, уæд мæм æрцыди уыцы хъуыды: рухс кæй сты, уымæй. Рухс та сты сæ хуымæтæгæй — сæ сюжет дæр хуымæтæг, се ’взаг дæр хуымæтæг — æнæбарц, æнæкъæдзил — сæ ныхасыуаг дæр — хуымæтæг ирон ныхас. Афтæ зыны, цыма радзырдтæй алкæцы дæр хæдзар у, къаннæг æмæ рухс хæдзар, иумæ та хъæу сты, рухс ирон хъæу. Фæндаггон йæ цæст кæуыл æрæвæра, ахæм ирон хъæу. «Æрбадтæн фæсфæд ран, зæронд бæласы лыггагыл æмæ кæсын арвмæ. Скæсæнырдыгæй дзаг мæй мигъты бызгъуырты фæсте йæ оыл сдардта. Куы ракæсы, куы та амбæхсы, цыма мæ чындзæхсæ- ,вы тыххæй исты аххосджын у, уыйау...» (радзырд «Абон у мæ чындзæхсæв») Цыбыр дзырд, цыбыр ныхас, барст хъуыдыйæдтæ. Цыбыр ра- дзырдтæ, къаннæг хабæрттæ — æдде бакæсгæйæ, адæймаг ма тыхсгæ дæр бакæны — æгæр æй фæцыбыр кодта! Фæлæ уыцы цыбыр ра- дзырды фæлгæты авторы бон бавæййы, цы ’вдисынмæ хъавы, уый йын цæстуынгæ равдисын, цыма æмбæрзæныл схæцыд æмæ йæ уый бынты бакæсын кодта, уый хуызæн. Мæнæ радзырд «Фырт». Æнкъард радзырд у, æнкъард у йæ ныффыссыны уагмæ гæсгæ дæр, йæ архайджыты зæрдæйы уагмæ гæсгæ дæр. Уæддæр дзы цыдæр рухс баззайы зæрдæйы. Чи зоны, йæ зæгъын дæр зын кæмæн у, ахæм рухс. Радзырды сæйраг архайæг сидзæр, æнæхицау лæппу Мухтап бæмбæджыхъæд æмбырд кæны (архайд Астæуккаг Азийы цæуы), уæй йæ кæны æмæ, уымæй цы капеччытæ исы, уымæй æрвиты йæ мæгуыр царды бонтæ. Афтæмæй йæ ирон мад æмæ фыд, иунæг æнахъом чызг йеддæмæ кæмæн ницы уыд, уыдон æрбакодтой сæ- 5
химæ, хъуамæ йæ ссе бинонтыл ныффыстаиккой, ссе гыццыл чыз- гæн хистæр сефсымсер куыд уыдаид, ссехицсен — бындар, афтсе. Нсе рауади ссе фсенд, лсеппуйыл сæ зæрдæ бахудти, æмæ ацыди Мухтар. Фæиппæрд и йæ дзæбæх рæвдаугæ цардæй. Фæлæ-иу рай- сом бинонтæ куы сыстадысты, уæд-иу федтой: сæ къæсæры ахи- зæны-иу лæууыди бæмбæджыхъæды куырис. Æндæр ницы амал ар- дта мæгуыр лæппу, бинонтæ йын цы лæггад фæкодтой, уый бафи- дынæн æмæ йæ уыцы бæмбæджыхъæды куырисæй фыста. Æмæ уыцы æнкъард хсгбарæй дæр цыдæр рухс баззайы адæй- маджы зæрдæйы. Чи зоны, æнкъард рухс, фæлæ уæддæр рухс у. Æнахъом уды темæйыл арæх фембæлæм радзырдты мидæг. Йæ ныййарджытæ раджы кæмæн ахицæн сты, гыццылæй ра- хау-бахауаг чи фæци, уыцы чызг (радзырды йын ном дæр нæй) æвдыст цæуы радзырд «Æцæгæлæттæ»-йы. Дыууæ чызджы — сæ иу гыццыл нырма, иннæ стыр — сæмбæлынц æцæгæлæттау. Кæ- рæдзийæн цы бавæййынц, уый нæ зонынц, фæлæ цы хуымæтæг æмæ зæрдиаг ныхас кæнынц, уымæй бæрæг у — æцæгæлæттæ не сты, уымæн æмæ хорз бады сæ ныхас кæрæдзийыл: стыр чызг дæр фæзæгъы, цы ныхас зæгъын æй фæхъæуы, уый, æмæ гыццыл чызг дæр. Æмæ чиныгкæсæг тагъд кæнын райдайы радзырды кæронмæ — алæ-ма, кæддæра цы бавæййыщ сæ кæрæдзийæн? Æхсызгон у адæй- магæн, уыцы оыууæ чызджы кæй сæмбæлынц, уый. Æхсызгон ын у, уæвгæ дæр а дунейы ахæм дыууæ чызджы кæй цæры, уый. Уæлдæр сюжеты кой скодтон. Хæрз хуымæтæг сюжеттæ, адæй- маг алыбон дæр кæуыл æмбæлы, ахæм царды цаутæ. Сæниат йæ дыккаг ус уыди Хъасболатæн, йæхицæн сывæл- лæттæ нал рацыд, æмæ, арæхдæр куыд вæййы, афтæ нæ бауарз- та Хъасболаты сывæллæтты Сæниат. Иухатт куы уыди, уæд та хистæр лæппуйы ракъæрцц кодта. Уый куы скуыдта, уæд йæ зæрдæ базмæлыди сылгоймагæн — цыма йыл кæцæйдæр цыдæр æбæрæг тых ныхъхъæр кодта, цæмæн æфхæрыс æнахъом сабийы, уыйау фæци сылгоймаг æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныккуыдта. Уыцы ныккуыдæй, куыд фæзæгъынц, фæрæтвæлдæхт фæци йæ зæрдæйыуаг — уыцы бонæй фæстæмæ цыма йæхи хъæбултæ уыдысты, уыцы цæстæй сæм акаст. Ныр сыстыртæ сты дыууæ лæппуйы æмæ чызг, царды фæндæгтыл фæцыдысты фæйнæрдæм, æмæ сæ хъæумæ исчи æрæгмæ куы фæцæуы, уæд Сæниат сæ гом кулдуары цур æнафонтæм фæ- бады — фенхъæлмæ кæсы, кæд сæ исчи фæзынио. Æмæ та ам дæр, иннæ радзырдты куыд у, афтæ — æнæ уæлдай къæбæлдзыг ныхас, æнæ уæлдай мæнгуд улæфтытæ. Иу хъуыдыйад цæуы иннæйы фæдыл æмæ йæ фæстæ уадзы рухс адæймаджы зæрдæйы. Хуыгаты Сергей
Радзырдтæ ФЫРТ 1 Уыд мæйрухс æхсæв. Хъæу ныссабыр, æрмæст ма пырын- дзы хуымты æнæрынцойæ уасыдысты хæфсытæ. Рог дымгæ узæлыд зæххыл. Бæрзонд обауæй чидæр кæмæдæр куыд хъæр кодта, уый æрбайхъуыст дардæй, чидæр ын дзуапп радта, æмæ та бæстæ ныссабыр. Кæмдæр чызджытæ ныззарыдысты, дой- рæйы1 цæгтæ бадзæгъ-дзæгъ кодтой, æмæ зæрдæ бахъæлдзæг, фæлæ та зарæг дæр фæцис, æмæ æрдз ногæй бамынæг. Чысыл раздæр æй чи бааууон кодта, уыцы тар мигъы бынæй цалхы- дзаг мæй ратылд æмæ хуымтæ ныррухс кодта. Æнтæф боны фæстæ агъуысты æнуд уыдис, æмæ æз нал æмæ нал фынæй кодтон. Мæ зæрдыл æрлæууыд Мухтар. Æвæццæ- гæн, мæйрухс æхсæв кæй уыд, уый тыххæй. Ахæм æхсæвты-иу нæ фæцух Мухтары къухтæй дойрæ... 2 Мæ алыварс цы цæуы, уый æмбарынхъом куы фæдæн, мæ фыды сагьæсæйдзаг цæстæнгас уæдæй фæстæмæ райдыдтон иртасын. Иухатт мæ мады бафарстон: — Нана, баба æдзух афтæ æнкъард цæмæн вæййы? — Æнкъард? — уый дæумæ афтæ кæсы, мæ хъæбул, — дзуапп радта мад, æмæ тыхджындæр æрæууæрста, тасы сапоны фын- кæй чи нал зынд, уыцы дзаумæттæ. — Нана, — баййардтон æй æз, — уæдæ Азизæйы фыд афтæ æнкъард цæуылнæ вæййы? Уый ма немæ дæр куы фæхъазы, стæй нæ уæрдоны дæр фæралас-балас кæны. — Хорз, хорз, ауай мæ хур, ахъаз Азизæимæ. Кæд дæуæн дæр дæ фыдæн Хуыцау фырт балæвар кæна, уæд уый дæр схъæл- дзæг уыдзæн. Мад мæм комкоммæ ныккаст, цымæ йæ, бамбардзынæн æви нæ, уый базонын æй фæндыди, стæй арф ныуулæфыд æмæ мæ йæ хъæбысы æрбакодта. 1 Астæуыккаг Азийы адæмы музыкалон инструмент. 7
Азизæ æцæгæй дæр мæнмæ лæууыд дуармæ. Уый уыд ме ’мгар узбекаг чызг. Йæ мады халдих. Уыйау Азизæйæн дæр уыд бæрзонд сау æрфгуытæ æмæ сау дæргъæлвæст цæстытæ. Дуар- мæ йæм куы рауадтæн, уæд доныбылмæ азгъордтам, фæлæ æз уæд иннæ хæттытау хъæлдзæг нæ уыдтæн. Азизæ цы нæ фæкод- та, цы кæнын, уый базонынæн, уæддæр ын ницы загътон. Изæры мæ фыд куыстæй куы ’рбацыд, уæд, даргъ бандоныл цы сæгъдзарм тыд уыд, ууыл йæхи æруагъта. Афтæ æрхуыссаг- иу уыд, йæхи-иу куы ныхсадта, йæ дзаумæттæ-иу куы раивта, уæд. Тракторыл кусын æнцон нæ уыд хуры къæймæ. Цыма фанерæй арæзт цары исты агуырдта, уыйау æм ным- дзаст, æмæ ма-иу рæстæгæй-рæстæгмæ йæ цæстытæ фæныкъуыл- дта, уый куы нæ уыдтаин, уæд афтæ зынд, цыма улæфгæ дæр нæ кодта. Мæнмæ афтæ каст, цыма райсомæй мæ мадæй цы фе- хъуыстон, ууыл хъуыды кодта, æмæ мæхинымæр загътон: «Æз æмбарын, дæ хъуыдытæ цæуыл сты, уый...» Фæлæ мæ фыд куыд бамбæрстаид мæ хъуыдытæ? Цалынмæ стъолыл нæ мад хæринаг æрæвæрдта, уæдмæ фæхуыссыд æнæ- истысдзургæйæ, стæй рабадт. Иубон нæ фыд йæ куыстмæ куы ацыд, мæ хистæр хо та — скъоламæ, уæд мæм мæ мад бадзырдта иннæ уатмæ: — Азæ, сыстадтæ? — О. — Суг чи фæуæй кæны, уыцы сидзæр лæппуйы нæ зоныс? — Зонын. — Нæ зæрды дзы фырт скæнын ис, — загъта æрæджиау мад, цыма уыцы уысм æмбæлы уыцы хъуыддаг бакæнын æви фæстæ- дæр, ууыл асагъæс кодта. Изæры нæ фыд уыцы лæппуйы йемæ æрбакодта. Цыдаид ыл фынддæс азмæ æввахс. Фырæфсæрмæй нæм скæсын дæр нæ уæндыд æмæ йæхи ныггуыбыр кодта. Мах уыцы изæрæй хъæлдзæгдæрæй никуы федтам нæ фыды. Амондджынæй йæ мидбылты худт. Хъазæн ныхæстæ кодта. — Гъы, куыд дæм кæсы де ’фсымæр? — бафарста мæн æмæ мæ йæ хъæбысмæ систа. Мæ фыды дæрзæг уадулыл мæхи ба- къул кæнгæйæ кастæн, æфсымæр мын кæй схуыдта, уыцы лæп- пумæ. — Хонгæ та йæ куыд кæндзынæ? — Мухтар-акя1, — загътон æз. Фыд та ныххудти. Мухтар ноджы тынгдæр ныфсæрмы ис. — Раст зæгъыс, мæ гыццыл чызг, де ’фсымæр дæуæй бирæ хис- тæр }У, æмæ йæм хъуамæ афтæ дзурай, — сразы мæ ныхасыл фыд. Дыккаг бон нæ мад лæппуйæн дзаумæттæ бахуыдта. Скодта 1 А к я — афтæ дзурынц узбектæм кæстæртæ хистæр нæлгоймагмæ. 8
йыл урс хæдон æмæ сау сатинæй цыбыр хæлаф. Саулагъз цæсго- мæн цæхгæр æууæлтæ лæвæрдта урс нымæтхуд. Уый бынæй æрпырх сты сатæгсау къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ. 3 Мæ мад æмæ-иу мæ фыдæй арæх хъуыстон: «Рæхджы нæ райгуы- рæн Кавказмæ цæуæм...» Мæнæн дæр уыцы кой адджын уыд, æмæ æнхъæлмæ кастæн, мæнæ ныр уырдæм цæуæм, зæгъгæ, кæд зæгъ- дзысты, уыцы бонмæ. Рудзгуыты акомкоммæ цы стырсыфджын дидинджытæ сагъд уыдис, уыдон сыфтæй-иу æрсастон æмæ-иу дзы мæхицæн хурæй аууон кæнгæйæ, тæвдæй къæхтæ кæуыл нæ лæу- уыдысты, уыцы фæндагыл араст дæн, æз Кавказмæ цæуын, зæгъгæ. Цы уадаид цымæ мæ цæстытыл? Цавæр хъæрмад-иу равзæрд мæ зæрдæйы, райгуырæн бæстæ мын чи нысан кодта, уыцы ны- хас дзургæйæ? Уымæн ныхæстæй зæгъæн нæй. Æрмæст зæгъ- дзынæн уый, æмæ уыцы цин хуымæтæг кæй нæ уыд; æз рагацау уарзтон, кæуыл никуыма ’рлæууыдтæн, уыцы фыдæлты зæхх, æмæ йæ ме ’нахъом зæрдæ дæр мысыд. Нæ мад радзырдта нæ балцы тыххæй Мухтарæн дæр. Лæппуйы дæр фæндыдис махимæ ацæуын æмæ нæ-иу афар- ста: «Тагъд ацæудзыстæм Кавказмæ?» Рацыд афæдз. Мухтар сахуыр махыл, æмбарын нын райдыд- та не ’взаг дæр, æрмæст дзургæ зынæй кодта. Фыццагау хаста бæмбæджы хæтæл сугæн, æрмæст уæйæн нæ, раздæр йæхицæн къæбæр амал кæнынæн куыд хаста, афтæ, фæлæ — нæ хæдзармæ. Суанг-иу изæрмæ хызта арф хъамылты нæ хъуджы, стæй-иу æрцыд цъæх-цъæхид кæрдæджы дæлармимæ. Фыццаг хил рамбæрзта лæппуйы саулагъз цæсгом. Алцæмæ дæр — арæхстджын, зивæг нæ зыдта, æрмæст ын цы нæ фæкод- той нæ мад æмæ нæ фыд — скъоламæ бацæуын сын нæ бакуымд- та. Кæддæр кæйдæр фæрцы кæсын æмæ фыссын базыдта æмæ ууыл æгъгъæд загьта ахуырæн. Цалдæр мæйы фæстæ нын иу хъыг хабар нæ бинонты сабыр цард базмæста. Мухтарæн нæ хъæуы цард, дард хæстæг ын чи æййæфта, ахæм сылгоймаг. Иубон сæ рæзты куы æрцæйцыд Мухтар, уæд æй бахуыдта, дæ дзых алтъамитæй ауазал кæн, зæгъгæ. Иæ цард, йе ’нæниздзинадæй йæ бафарста, стæй йын бафæдзæхста, махимæ цæуыныл куыд нæ сразы уа, афтæ. Уæдæй фæстæмæ Мухтар цыма къæссавæлдæхт фæци. Иубон нæ мад нæ фыдæн йæ куыстмæ аходæн ахаста. Фæс- тæмæ цæугæйæ фæндагыл фембæлд Мухтарыл. Лæппу уыди хъæлдзæг, мынæг хъæлæсæй цавæрдæр зарæг зарыд. Нæ мады доны иннæ фарсмæ хъуыд йæ файнустмæ ауа- 9
йын, æмæ Мухтары куы федта, уæд бацин кодта. Йæ хæссинаг æм радта æмæ йæ нæхимæ рарвыста, йæхæдæг ацыд. Фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд дуарыл рахæцыд, фæлæ дуар мидæгæй æхгæд разынд. Мадмæ диссаг фæкаст уый, æмæ йæ къа- хæй дуар бакъуырдта. Къæпсыр схаудта, æмæ дуар байгом. Мухтар тарстхуызæй лæууыд хæдзары астæу. Мад фæкомкоммæ сынтæ- джы змæстмæ. Мухтар удаистæй кастис нæ мадмæ, цас йæ бон уыд, уыйас æнцад куы уыдаид, ууыл архайгæйæ, фæлæ йыл йæ цæс- тытæ комдзог рацыдысты — Мухтар сайæн митыл ахуыр нæ уыд. «Уый циу?» — хъуыды кодта мад, фæлæ хъуыддаг хорз бам- бæрста... Лæппуйы уæхсчытæ ныггуыбыр сты, цыма сæ раст йæ да- вæггаг бамбæхсынмæ хъавыд, уыйау йæ сæр æруагъта æмæ сагъ- дауæй лæууыд. Мад фæгуырысхо, уыцы хъуыддаджы кæйдæр фыдæвзаг ис, æмæ йын йæ ныронджы хæларзæрдæ Мухтары фæрæдийын кодта, ууыл. Йæхимæ æгад æркаст, афтæмæй лæу- уыд, йæ ныййарæг мады йын чи раивта, уыцы мæстджын сыл- гоймаджы размæ. — Цы куыстай?.. Дæ къухы та цы ис? — æмæ йын йæ цонгмæ фæцæйæвнæлдта, фæлæ лæппу йæ цæстытæ доны разылдта æмæ йæм æнкъардæй скаст, стæй æхца стъолыл æрæвæрдта. Мад йæхи фæтар кодта. — Цæмæн дæ бахъуыдис ацы æхца? Мухтар ницы дзырдта. — Æз дæумæ дзурын, — йæхи фæтызмæг кодта мад. Мухтар скуыдта. — Ныббар мын!.. Ахæм ми никуыуал бакæндзынæн. Куыд хорз мын уыдыстут, уый зонын, зонын, фæлæ... Мæ хæстæг мæ... Ныббар мын! — йæ цæссыг калдта лæппу. Куыдта нæ мад дæр. «Ныр ацы хабар не схъæр кæнин, фæлæ лæппу афтæ æвзæр ахуыр куы фæуа, æмæ дзы къæрных куы рауайа, уæд та? Куы йæ зæгъон, уæд та йын махмæ бынат нал уыдзæн», — хъуыды кодта йæхинымæр сылгоймаг. Мухтар дæр бон-изæрмæ йæхицæн бынат нæ ардта. Йæ зæр- дæйы тыхст æй цух нæ уагъта, йæ фæдыл аууонау цыд «Цæмæн цæрын ацы дунейы! Удхарæн?..» — хъуыды кодта лæппу, æмæ- иу йæ зæрдæ суынгæг. Дзæгъæл бадтæй куы сфæлмæцыд, уæд-иу æлыгæй чындзытæ аразыныл фæци, фæлæ йын уыдон дæр ацы хатт мæстæймарæ- гау хорз нæ уадысты. Уæддæр дзы, æз цалынмæ скъолайæ цыд- тæн, ’ уæдмæ иу скодта. Æз тынг бацин кодтон Мухтары лæва- рыл, æмæ мын æй куы лæвæрдта, уæд загъта: — Гъа, мæ гыццыл хо, уый дын де ’фсымæры лæвар. Æндæр дын цы ныууадзон, уый нæ зонын. Ма йæ асæтт. — Мухтар уыд 10
рыстхуыз, стæй мын ахæм чындзытæ бирæ хæттыты скодта, фæлæ сæ ма асæттон, уымæй никуы фæдзæхста. Куы мын асæтта, уæд- дæр та мын Мухтар æндæр чындз сараздзæн, уый зыдтон, æмæ сыл никуы тыхстæн. Фæлæ уæд Мухтары ныхæстæм мæ зæрдæ фехсайдта æмæ йæ афарстон: — Æмæ искæдæм цæуыс, Мухтар-акя? — О, цæуын... — Цæмæн зæгъыс афтæ, Мухтар-акя? Ау, махмæ дын æвзæр у?.. — Нæ! Сымахмæ мын æвзæр нæу... — загъта лæппу æмæ иуварс ацыд. Цы бамбарын мын хъуыд, Мухтарыл цыдæр маст сæмбæлд, уый, æмæ та йæ ныхæстæ ногæй мæ хъустыл ауадысты: «Сы- махмæ мын æвзæр нæу». Тынг тæригъæддаг мæм фæкаст Мухтар, æмæ скуыдтон. Нæ фыд йæ куыстæй куы æрбацыд æмæ Мухтары æнкъар- дæй куы федта, уæд батыхст. — Цы кæныс, лæппу, рынчын дæ, мыййаг? — Нæ, рынчын нæ дæн. Фыд æй дарддæр ницæмæйуал бафарста, афтæмæй мидæмæ бахызт. Мад дæр æнкъард уыд, æмæ йæ фыд куы бафарста, цы кæны, уымæй, уæд ын хъуыддаг радзырдта. Фыд Мухтармæ фæдзырдта, æмæ уатмæ бацыдысты. Æддæмæ хъуысыд фыды сабыр, фæлæ тызмæг ныхас. Мухтары ныхас нæ хъуысыд. Æвæццæгæн, æппындæр ницы дзырдта. Ныхас куы фесты, уæд фынджы уæлхъус æрбадтысты, фæлæ сæ мæстæл- гъæдæй хæринагмæ ничи æвнæлдта. Мухтар бадт нæ фыды дæле, фæлæ иннæ хæттытау, фыд йæ хæйттæ не ’вæрдта лæппуйы тæ- бæгъы, нæ йæ фарста, кæд ма йæ зæрдæ исты зæгъы, уымæй. Уыцы фынгыл æрбадт уыд, хъуамæ нæ æххормагæй ма ацæуа, зæгъгæ, ахæм хъуыдыйæ равзæргæ фæнд. Фæстæдæр Мухтар сыстад æмæ фынгæй рацыд. Фыд дæр сыстад. Мухтар ма йæм, æвæццæгæн, æнхъæлмæ каст исты хуыздæр ныхасмæ, фæлæ фыды цæстæнгас нæ аивта: уыд тар æмæ тызмæг. Иннæ уатмæ бахызт, цыма, куы йын фæтæригъæд кæна, æндæр зонд æм куы æрцæуа æмæ йæ куы баурома, уымæй тарст. Æмæ цы рауайдзæн лæппуйæ, чи зоны? Абон ахæм ми чи бакодта, уый цæмæй бæ- рæг у? Нæ, раст лæгæй фæцард, æмæ йæм Мухтарæй исчи афтæ бацамона, ацы лæгæн давæг фырт и. Бæргæ дзы ныфсытæ æвæрдта йæхицæн, хорз лæппу у Мух- тар æмæ мын фырт уыдзæни... Фæлæ нæй, уæд — нæй. Лæппу махыл йæ цæстæнгас ахаста, стæй йæ зæрдæниз æмбæхсгæйæ, дуар бакодта æмæ æддæмæ ахызт. Нæ мад йæ цæстысыгтæ æркалдта, æмæ мæм афтæ фæкаст, 11
цыма йæхи тыххæй урæдта, цыма ныртæккæ Мухтары фæдыл адзурдзæн: «Фæстæмæ раздæх лæппу!» Уыцы рæстæг мæ зæрдыл æрбалæууыд, Мухтары нæ фыд цы бон æрбакодта, уый... Мухтар йе ’ргом сарæзта уæлмæрдты ’рдæм, æвæццæгæн, кæр- дæгæй чи нал зынд, йæ мад æмæ йæ фыды уыцы ингæнты раз бадынмæ. 4 Бонтæ æмæ мæйтæ кæрæдзийы ивтой. Цыд рæстæг, æмæ нæ гыццылгай Мухтар рох кæнын байдыдта. Æрмæст ма нæ зæрдыл хорз лæууыд, ногæй та суг чи хаста æмæ чи уæй кодта, уый кæд- дæр нæ бинонтæй кæй уыд, уый. Æндæргау-иу æхсæвыгон æрба- хызт нæ кæртмæ. Чи зоны, æмæ-иу нæм рудзынгæй дæр каст æмæ хъуыста, йæ кой-иу куыд ракодтам, куыд-иу æй æрымысыдыстæм, уымæ. Райсомæй та-иу нæ мад сугдоны раз раййæфта бæмбæджы хæтæлты стыр баст æмæ-иу йæ цæстытæ доны разылдта. Иуизæр та ме ’мбæлттимæ æмбæхстытæй хъазыдтæн. Агургæ хъуамæ æз кодтаин. Мæ цæстытæ бацъынд кодтон, æмæ куыддæр нымайын райдыдтон: иу, дыууæ, æртæ... афтæ кæйдæр хъæлæс айхъуыстон. Ракастæн, æмæ мæхицæй чысыл фалдæр ауыдтон Мухтары. Махæй куы ацыд, уæдæй фæстæмæ йыл уæд фыццаг хатт фембæлдтæн. Æз лæугæйæ аззадтæн мæ мидбынат, бацæуон æм æви нæ, ууыл хъуыды кæнгæйæ, уæдмæ та мæм Мухтар ногæй фæдзырдта: — Азæ, рауай-ма ардæм. Æз æм бацыдтæн. — Цы кæныс, Мухтар? — Цæмæн — Мухтар, Мухтар-акя нæ фæлæ? Æз фефсæрмы дæн. Уымæн æмæ ды ме ’фсымæр нал дæ, махæй ацыдтæ... Мухтар мæм æнкъардæй бахудт: — Гъа, уæдæ, мæнæ ацы рæсугъд чызг дæхицæн ахæсс, — æмæ та мын æлыгæй арæзт чындз радта. Лæппуйæн йæ цæсгом уыд, махæй цы бон цыдис, уыцы боны хуызæн, æнкъард æмæ рыстхуыз. Æз тынг бацин кодтон мæ ног лæварыл æмæ йæ цингæнгæ райстон. Мухтар ацыди, фæлæ ма æз уæддæр лæууыдтæн æмæ йæ фæстæ кастæн. Цас дарддæр кодта, уыйбæрц мын зындæр уыд, æмæ мæм мæ зæрдæ дзырдта, цыма æппындæр кæрæдзийы никуы- уал фендзыстæм. Æмæ хъуыддаг уæвгæ дæр афтæ рауад: тагъд рæстæджы мах рараст стæм нæ райгуырæн зæхмæ, æмæ кæуыл сахуыр стæм, уыцы зæххæй уæлдай нæ алкæй зæрдæ дæр рыст 12
нæ æцæгæлон бинойнаг Мухтарыл. Фæндаджы фæрстæм дæр ма бæргæ кастыстæм, фæлæ Мухтар уым никуы зынд. Чи зоны, æмæ йæ æндæр бинонтæ барæвдыдтой, æмæ уыдонмæ æрфысым код- та, кæнæ та искæмæн мыздыл — йæхицæн къæбæр самал кæныны фаг — æмбырд кодта бæмбæджы хус хæтæлтæ. 1958 аз МАСТ (Рагон хабар) Хур дзæвгар стылд арвыл æмæ Тамары уат йæ тынтæй ныр- рухс кодта; Тамар нырма хуыссы, фынæй кæны райсомы сыгъ- дæг уæлдæфмæ. Рагæй бады йæ разы йæ лæггадгæнæг чызг Зейнаб — йæ æхси- ны, мыййаг, исты куы бахъæуа. Уалынмæ Тамар йæ цæстытæ байгом кодта æмæ, цыма æппын- дæр фынæй нæ уыдис, уыйау бахудт. Рабадт йæ хуыссæны, æмæ йæ сæнтсау дзыккутæ фæсонтыл æрпырх сты. Фестад æмæ ру- дзынгмæ базгъордта. — Цы хорз бон у! — Тамары зæрдæ рад æмæ йæ цин сусæг кæнын нæ уыд йæ бон. Фæлæ æнæбары аджих. Цæмæн айсæфт йæ цæстыты цæхæр? Цыдæр сдзурынмæ та хъавыди, фæлæ йæхи фæурæдта. Уæддæр Зейнабы афарста: — Зноны минæвæрттæ та кæцæй уыдысты? — Персæй. Сомихæй... Иннæты нæ хъуыды кæнын. Тамар та цæуылдæр аджих. — Цалдæр боны размæ æнахуыр фын федтон, Зейнаб. Нæ цæ- хæрадоны дидинджытæ æмбырд кодтон... Сындæг цыдтæн, арæх кæм фæтезгъо кæнæм, уыцы къахвæндагыл. Æвиппайды мæ фæстæ айхъуыст кæйдæр хъæлæс: «Ныр æнхъæлыс, æмæ ам у дæ цæрæн- бæстæ?!» Мæ алыварс акастæн, фæлæ никæй федтон. Уæд къах- вæндагыл азгъордтон, уæддæр уыцы хъæлæс мæ хъустыл уадис, æмæ фыртæссæй фехъал дæн. — Æцæг фын... — сирвæзт Зейнабæй. — Æцæг фын? Цæмæн? — бадис кодта Тамар. — Уый... æз... афтæ æнæуи... — Зейнаб, цы зæгьа, уымæ нал арæхст æмæ, йæ сæр фæгуыбыр кæнгæйæ, хъавыд ацæуынмæ. — Фæлæуу! Ма ацу! — сдзырдта æхсин. — Цыдæр мæ æмбæх- сыс. Радзур-ма мын... Цы мæ æмбæхсыс? Æххуырст чызг йе ’хсинмæ тарстæй касти. — Мæ сæр æбуалгь тæрхон баййафдзæн, ацы хъуыддаг султан 13
Назым куы базрна, уæд, фæлæ Хуыцау дæ цæстæнгасмæ æркæ- сæд, æмæ, мæ бынаты алы адæймаг дæр афтæ кæй бакæнид, уый бамбардзæн. — Дзур, мæ хур. Султан никуы базондзæн нæ ныхас. Ард дын хæрын. Æххуырст чызг æрбадт йе ’хсины раз æмæ райдыдта дзурын. — Æз фехъуыстон ацы хабар мæ мæгуыр мадæй. Кæмдæр, Ирыстон, зæгъгæ, чи хуыйны, уыцы бæстæйы уыд æлдар Ха- джумар. Хъуыстгонд уыдис йæ рæдау æмæ уазæгуарзагæй, хъæз- дыг æмæ зынгæ мыггагæй. Бирæ адæм æй зыдтой, бирæтæ та йын æрмæст дардмæ йæ кой хъуыстой. Æрыгон ма уыд, æмæ-иу арæх цыд балцы. Йæ иу балцы йæ дæлбар адæмимæ бафтыд йæ бæрзонддзинад султан Назыммæ. Уазæджы сбуц кодта. Æрæмбырд сты йæ хионтæ, йæ хорз зон- гæтæ. Рæсугъд чызджытæ уыд уым, фæлæ ирон уазæг йæ цæстытæ нал иста æрмæст сæ иуæй. Уый иннæ чызджытæй цæмæндæр æнкъарддæр уыд. Султан Назымы хо Нериман уыд уый. Уазæг бацыд султанмæ æмæ йæ цуры гауызыл йæхи æруагь- та. Райдыдта дзурын æнæуæлдай ныхæстæй: — Дæ хойы мын ратт. Нæ базынд хæстæгдзинадæй фидардæр уыдзæн. — Амондджыныл нымаин ацы сахат, мæ хо Нериман лæвæрд куы нæ уаид, уæд. Цалдæр боны фæстæ йæ чындзæхсæв уы- дзæн, — загъта султан. Фæлæ Хаджумары фæнд ууыл нæ бамынæг: «Хорзæй ницы саразæн ис. Æвзæрæй саразай — мыггагмæйы туджджынтæ. Юсуф, Назымы сиахсаг, зæронд у. Æвгъау у æвзонг Нериман уымæн. Æрдхорддзинады сæрты никуы ахызтæн, ацы хъуыд- даджы дæр галиу нæ уыдзынæн...» Ногæй та бацыд йæ бæрзонддзинад султанмæ. Загъта йын, ахæм æрыгон чызг Юсуфæн æхсæзæм усæн раттынæн тæригъæд у, зæгъгæ. Фæлæ Назым уæлдай ницыуал бафтыдта йæ раздæры дзуапмæ. Æхсæвы ирон æлдар аскъæфта султаны хойы. Хабар базыд- той æмбисæхсæв, æмæ фæдисæттæ арвыстой. Æрмæст бонырдæм æрбаййæфтой скъæфджыты, сæ фæллад иу уæлвæзы куыд уагътой, афтæ. Дæле лæнчы æрæнцадысты туркæгтæ. Рацыд сæ цалдæр адæймаджы. Æрбахæстæг сты ирæт- тæм. Сæ иу — хистæр уыд, æвæццæгæн, — ныллæг сырхцъар лæг, ссардта Мæхæмæты ном æмæ загьта: — Султан Назым Юсуф æмæ йæхи номæй домы, цæмæй йын фæстæмæ рарвитай йæ хо Нериманы. Куы нæ сразы уай, уæд дыууæ мыггаг адæмы туджы зæйтæ фæласдзысты. 14
Минæварæн дзуапп радта Хаджумар йæхæдæг: — Куыд уын бафæдзæхстой, афтæ кæнут, фæлæ мæнæй, цы чызджы рахастон, уый ничиуал байсдзæн. Дзуапп фехъусын кодтой. Аходæнтæм гæрзифтонг знæгты æхсæн хæст бацайдагъ. Суанг талынгтæм нæ банцад æхсаргæрдтæ æмæ уартыты зыланг. Изæрæй æлдар цатыры æмбæрзæныл иуварс куы ахæцыд æмæ тохвæлладæй мидæмæ куы бахызт, уæд фæдис кодта: йе скъæфт чызджы цæстæнгас æнкъард нæ уыд, æмæ æлдар ахъуыды код- та: «Ау, йе скъæфтыл хъыг нæ кæны?» Фæлæ нæ, чызг йе скъæф- тыл, мыййаг, цин нæ кодта, æрмæст амондджын уыд, зæронд Юсуфы хай кæй нæ фæци, цард æй æндæр амонды къухмæ кæй баппæрста, уымæй. Æлдар нымæтыл уат бакодта чызгæн, йæхæдæг гыццыл дард- дæр æруагьта йæхи. Дыккаг бон хæст фæци, Хаджумар та цатырмæ куы бахызт, уæд Нериман фестад йæ размæ, бакъахдзæф æм кодта æмæ йын йæ фæллад ных йæ фæлмæн къухæй асæрфта. Рацыд æхсæз азы. Афтæ зынд, цыма хъуыддаг æрсабыр. Ха- джумар дæр æрæнцад. Æрмæст Нериманы зæрдæ цыдæр æрцæ- уынмæ æхсайдта. Иубон Хаджумарæн загъта: — Никуы бадис кодтон, ме ’мтуг адæм хъусæй кæй лæууынц, ууыл, фæлæ абон мæ зæрдæйы цыдæр тас сæвзæрди. Хорз бон у, фæлæ мæнмæ та афтæ кæсы, цыма цыдæр æнамонддзинад æрцæуинаг у. Æлдар ныххудт, фæлæ йæ фидауцджын фæтæн уæхсчытæ цæмæндæр сæхи æруагътой. Йæ цæстæнгас фæтар, айсæфт йæ хæларзæрдæ ’нгæс. Сабыргæнæгау бакаст Нериманы рæсугъд цæстытæм æмæ загьта: — Æрцæуинаг цы уа, уымæй фæивгъуыйæн нæй... Нериман æддæмæ ахизынмæ куыд хъавыд, афтæ дуар бай- гом, æмæ зæронд хъомылгæнæг Магда сывæллонимæ æрбацыд. — Сывæллон йæ фыды мысы, «баба», «баба» йеддæмæ ницы- уал дзуры абондæргъы. Мад йæ фырты райста, зæронд ус та фæстæмæ ацыд. Сывæллон мады къухтæй йæхи тыдта фыдмæ æмæ худт. Фыд æй райста. Сывæллонæн йæ цин ноджы фæтынгдæр, æмæ уæд Хаджумарæй, йæ бинонтимæ амондджын кæй у, уымæй фæстæмæ æппæтдæр æрбайрох. Æхсæвы иууылдæр æнæмæтæй бафынæй сты. Æрмæст Нери- ман йæхицæн бынат нæ ардта, хуыссæг æй нæ ахста æмæ йæ фырты авдæнмæ бацыд. Йæхи сывæллоны раз йæ уæрагыл æр- 15
уагъта æмæ йæм иыккаст. Скуывта: «О Хуыцау! Фыдбылызæй нæ бахиз нæ æнахъом сабиты амондæн!» Æрбайхъуыст цалдæр гæрахы, стæй та ноджыдæр... Нериман фесхъиудта. Азгъордта йæ лæджы хъал кæнынмæ, фæлæ уый уæдмæ фестад. Алырдыгæй хъуыст уартытæ æмæ æхсаргæрдты зыланг, ферттывтой хъаматы кæмттæ. Æлдары адæм згъордтой фæйнæрдыгæй ифтонгæй. Хаджумаримæ.хæцыдысты цалдæрæй. Исчи сæ-иу куы æрха- удта, уæд-иу уый бæсты иннæ æрбалæууыд. Уæртæ знæгтæй чидæр фезгъоры йæ рæзты, йæ хъæбысы фескъæфы фондздаз- дзыд Тамары. Хаджумар хъавыд йæ фæстæ азгъорынмæ, фæлæ йæ уыцы рæстæг чидæр йæ хъамайæ барæхуыста, æмæ йæ бына- ты зæххыл æрхауд... Уæдæй нырмæ æнцад бадт Тамар, фæлæ ныр йæ цæстысыгтæ æркалдысты. Æххуырст чызг дзырдта дарддæр: Хаджумар йе ’муд æрцыд æрмæст бонмæ æввахс. Байгом код- та йæ цæстытæ. Йæ разы фæлурсæй бадт Нериман. Рустыл згъор- дтой цæстысыгтæ. Лæг фæхуыссыд æртæ боны, цыппæрæм бон амард. Нериман иунæгæй баззад йæ гыццыл фыртимæ. Дæу куы æркодтой, уæд дыл султан Назым, дæ мадыфсымæр, тынг фæцин кодта. Ды куыд- тай фыццаг бонты, дзырдтай «нана, нана», фæлæ дæ кæцæй фе- хъуыстаид дæ мад... * * * Зейнаб ын цы хабар ракодта, уыйфæстæ Тамарæн йæ бон удæнцойæ цæрын нал уыд. Æхсæв-иу сыстад, рацыд-иу диди- нæгдонмæ, стæй-иу æй бафæндыд лидзын, лидзын, кæй нæ хъуы- ды кæны, уыцы дард бæстæм, æрхауын, йæ цæстытыл халассæ- рæй чи уад, уыцы саударæг мады уæрджытыл, фæлæ-иу йæ зæр- дæмæ тас бахызт, æмæ-иу æнæныфсæй æрбаздæхт галуанмæ. Зилы та Тамар стыр цæхæрадоны къуымты. Бацыд суадоны размæ, стæй раздæхт галуанмæ. Хъуыды кодта: «Зæгъин султанæн, лæгъстæ йын кæнин, цæ- мæй мæ мæ бæстæм арвита, æрмæстдæр мæ мад, ме ’фсымæры фенынмæ, фæлæ не сразы уыдзæн, бафхæрдзæн Зейнабы...» Асинтыл уæлæмæ куы сцæйхызт Тамар, уæд йæ размæ æрцæй- цыд Назым. Базæронд, æмæ ма тыххæй цыд йæ къæхтыл. Чызгмæ куы,æрхæццæ, уæд æрлæууыд. Бацин кодта Тамарыл. — Æнкъард цæмæн дæ, Тамар? — бафарста, чызджы фæлурс цæсгоммæ ныккæсгæйæ. — Ныр æртыккаг бон цæмæйдæр тыхсын, мæ фыд. 16
— Цæмæй? — Фын федтон... — Ау, æмæ уыцы фын уыйбæрц хъыджы аккаг у? Хайыр æй фæкæнæд не Сфæлдисæг. Назым хъавыд дарддæр ацæуынмæ, фæлæ йæ Тамар фæу- рæдта. — Фæлæуу... Чызг джихæй каст зæронд лæджы цæстытæм æмæ хъуыды кодта: «Ау, ацы хæлар æнгæс кæмæн ис, уыцы цæстытæ ме ’нах- хосдзинад нæ уынынц æмæ мын нæ фæтæригъæд кæндзысты?» Стæй йæ къухтæй йæ цæсгом амбæрзгæйæ скуыдта æмæ асин- тыл йæ уатмæ сызгъордта. Æрмæст уым æрæнцад æнамонд чыз- джы зæрдæ. — Ма æнкъард кæн, — кæуынхъæлæсæй куырдта Зейнаб, мæй- рухсмæ Тамары уымæл цæстытæ уынгæйæ. Тамар æм бакаст. Исдуг ма æнæистысдзургæйæ абадт, стæй рацыд. Ныххызт асинтыл кæртмæ. Зæххы бынæй хæрдмæ æфсæй- наг хъуырæй дон цавта, æмæ йæ пырхæнтæ мæйрухсмæ æрттыв- той. Дурыл æрбадт æмæ ставд цæджындзыл банцой кодта, стæй фестад æмæ фæндагмæ атындзыдта. Згъордта, йæ фæлмæст зæрдæ йын чи рæвдыдта, æхсызгон уддзæф æм кæцæй цыд, райгуырæн бæстæйæн кæцырдыгæй æнхъæл уыд, уыцырдæм. Цас галуанæй дарддæр згъордта, уыйбæрц зыддæрæй улæ- фыд уæлдæф, фæлæ йе стыр бæллиц кæм нал цыд, уыцы зæрдæ æнæныфсæй бакатай кодта. Фæлладæй фæндаджы хъæбæрыл æрхаудта æмæ ныккуыдта. Галуаныл айхъуыст: султан Назым уæззау рынчын у. Не сфæл- дисæгæй йын æнæниздзинад курут. Иууылдæр æнхъæлмæ кастысты, уæдæ цы æрцæудзæни, зæгъгæ, уымæ. Назымы фæндыд Тамары фенын, æмæ чызджы рынчынмæ куы бауагътой, уæд йæ цæссыг бауромын нал уыд йæ бон. — Тамар, мæ чызг, — райдыдта султан, иунæгæй куы базза- дысты, уæд. — Дæуæй мæм иу сусæгдзинад уыд... — Чызг сыс- тад. Лæг æм скаст. Тамар æнцад иуварсмæ акаст, цыма йæ зæрдæ æцæгдæр афтæ æнцад уыд, уыйау сдзырдта: — Æз æппæтдæр зонын... Назым сулæфыд. Зæрдæйæ нæ бадис кодта йæ хæрæфырты ныхасыл. Йæ зæрдæ æхсайдта, чызг æцæгдзинад кæй зоны, уымæ. — Ныр дæ курын, ныххатыр мын кæн. Ма мæ ралгъит. Бын- дар мын нæ уыдис: сылгоймаг мæ галуаны нæ цард, амард-иу. Æвæццæгæн мын Хуыцау скодта ахæм тæрхон. Æндæр гæнæн мын нæ уыд, мæ иунæг хо Нериманы хистæр цоты аскъæфынæй 2 Томайты Мисурхан 17
дарддæр, лæппу уыдаид, æви чызг. Ма ацу... Дарддæр ахæццæ кæн нæ мыггаг... Дæ усгуртæй дæхицæн амонд равзар... Султан Назым йæ цæстытæ æрæхгæдта, Тамар йæ бирæ ны- хæстæй иу дæр зæгъын нæма сфæрæзта, афтæмæй. * * * Цыдысты бонтæ. Тамар ферох адæмæй, усгуртæй. Ничи уыд- та Зейнабæй дарддæр Тамары æнкъард цæсгом, чызджы сыгъ- дæгдзинадæй фидауцджын, мастæй æнкъард — стыр цæстытæ. Иу изæр та Тамар бадт агъуыстытæй иуы къуымы. Æвиппай- ды йæ зæрдæйы фæзынд иу хъуыды — бафæндыд æй байхъусын тамбуры цагъдмæ æмæ æнæрхъæцгæйæ Зейнабмæ адзырдта. — Зейнаб, кæм дæ?! — Мæнæ дæн, ме ’хсин. — Æхсин... — бахудæгау кодта Тамар. — Афтæ мæ ма хон. Дæ- уæй дарддæр мын чи ис зæххыл? Стæй ма кæмдæр мæ мæгуыр мад... — Æз дæ разы тынг тæригъæдджын дæн, Тамар. Зейнаб скуыдта æмæ Тамары раз æрбадти. — Бахатыр мын кæн, цы галиудзинад бакодтон, уый. Дæ цард амондджынæй арвыстаис. Иунæгæй дыл дæ царды рæсугъддæр бонтæ нæ ивгъуыиккой, æз дын уыцы хабар куы нæ ракодтаин, уæд. — Нæ, Зейнаб! Æз æцæг æнамонд уыдаин, æцæгдзинад куы нæ зонин, уæд. Ныр та... Рахæсс та тамбур æмæ мын ацæгъд. Зейнаб фæдис кодта: ныр цал азы рацыд, Тамары æвналын дæр куы нæ уадзы тамбурмæ, уæдæй нырмæ? Æниу ма Зейнаб дæр куыд цагъта, афтæ ацæгъдын базондзæн? Зейнабы лыстæг æнгуылдзты бын зыр-зыр кодтой тамбуры хъистæ, агъуысты азæлыдысты рæсугъд мыртæ æмæ Тамары цæстысыгтæ æркалдысты, фæлæ уæддæр йæ мидбылты худт. Уымæ кæсгæйæ Зейнаб йæхимидæг тыхст: «Ныртæккæ исты бæллæх æрцæудзæн, исты!..» — Хъæрдæрæй цæгъд, хъæрдæрæй, — куырдта Тамар, фæлæ тамбуры хъистæ фыццагау иухуызон зæлыдысты. Уæд чызг æваст фестад, Зейнабы къухтæй тамбур аскъæфта æмæ кæл-кæлæй худгæ азгъордта. Цыма йæ зæрдæ стыр цин- дзинадæй радис: асинтыл ныууади, бæрзонд обауырдæм азгъор- дта æмæ рог къахдзæфтæй хызт уæлæмæ. Уырдыгæй зындыс- ты стыр быдыртæ. Обаумæ куы схæццæ, уæд тамбур бæрзонд систа, куыдфæндыйæ йыл цавта йе ’нгуылдзтæ æмæ дзырдта: «Хъусыс... Хъусыс мæ... мæ мад?! — тамбур дæлæмæ æруагъта, хъистæй иу аскъуыд... Æмæ йæм хъыггæнæгау ныккаст, стæй скуыдта. — Хъис аскъуыд!.. 18
Цалынмæ йæм Зейнаб хæццæ кодта, уæдмæ уый сындæг æрцæйхызт йæ размæ. Куы баиу сты, уæд Зейнабы уымæл цæс- тытæм ныккаст æмæ сдзырдта: — Æцæг аскъуыд хъис. Æз дæр ууыл куыдтон... — Ныр нæхимæ цом, курын дæ, — загъта Зейнаб æмæ йын хъавыд йæ цонгмæ бавналынмæ, фæлæ уый йæхи атыдта æмæ йыл схъæр кодта: — Иуварс! Иуварс! — æмæ фæндагмæ ратындзыдта. Ногæй та азгьордта, дымгæ йæм рог уддзæф кæцæй хаста, уыцы фæнда- гыл, йæ зæрдæ йæ кæцырдæм хуыдта, райгуырæн бæстæйæн кæм æнхъæл уыд, уыцырдæм... 1958 аз ÆЦÆГÆЛÆТТÆ Иуæндæс азы кæуыл цыдаид, ахæм гыццыл чызг нæ кулдуа- ры раз лæууыд æмæ кæртмæ æнæуæндонæй каст. Иуафон дуары зыхъхъыры йе ’нгуылдзтæ бакодта æмæ дыууæрдæм йæхи уыз- та. Къæсхуыртæ, стырдзых, даргъкъах гыццыл цъиуы хуызæн. Сывæллон уыцы азты уæлдай тынгдæр фæрæзы, æмæ афтæ зынд, цыма уыцы уысм дæр рæзгæ кодта. Чызг цæмæдæр æнхъæлмæ каст, уый æвдыста йæ цæстыты цымыдисдзинад, — аивæй-иу кæртыл йæ цæстæнгас кæй ахаста, уый; йæ цæстыты арфы зынд тас æмæ гуырысхо. Йæ зæрдæ йæм дзырдта: «Бахиз кæртмæ»... Фæлæ дызæрдыг кодта, бахиза æви нæ, ууыл. Æз сыстадтæн мольберты разæй æмæ кæртмæ рацыдтæн, уыцы бон ныв кæныныл раджы æрбадтæн æмæ бафæлладтæн. Ацы гыццыл чызджы знон дæр æмæ уыйразмæ бон дæр нæ дуармæ лæугæ федтон, уый мæ зæрдыл æрбалæууыд. Ныр дæр та иннæ бонтау лæууы уыцы иу ран, кулдуары раз, æмæ мæхи- нымæр ахъуыды кодтон: «Цымæ кæй чызг у? Кæд, мыййаг, ис- кæй агуры, фæлæ æрбадзурын нæ уæнды. Нæ кæрты цæрæг гыццыл чызджытæй искæй æмбал уаид, æмæ йæм рацæугæ дæр куы никæй уынын». Асинтыл æруадтæн æмæ йæ размæ рацыдтæн. Гыццыл чызг мæн фенгæйæ бахудт. Æз дæр ыл бацин кодтон. Æвæццæгæн мæ йæхæдæг дæр федта æмæ мæ йæ зæрдыл бадардта. Фæндыд мæ йæ бафæрсын, чи у, кæцæй æрбацыд, фæлæ мæхи баурæдтон. Цы уæлдай у? Чифæнды дæр уæд, æнæуи дæр кæрæдзиуыл хорз куы бацин кодтам. Æцæгæлон куы разына, уæд та? 19
Гыццыл чызг фыццагау йæхи дыууæрдæм уызта дуарыл. Худ- тис. Цыма йæм мæ рацыдæй цыдæр бæлвырд ныфс æрцыд, цыма йæ фæнд сæххæст уыдзæн, уый сбæрæг ис, афтæ зынд йæ худ- тæй. Йæ цонгмæ йын хъазæгау бавнæлдтон. Фæндыд мæ, дуары зыхъхъырæй йын йæ æнгуылдзтæ рафтауын, фæлæ чызджы лы- стæг æнгуылдзтæ дуарыл афтæ фидар хæцыдысты, æмæ фезмæ- лын дæр нæ куымдтой. Йæхи-иу мæнæй фæсайгæйæ дыууæрдæм ратас-батас кодта. Мæ бон ыл кæй нæ цыд, ууыл сабыр худтис. Худтæн æз дæр. Йæ цонг та йын райвæзтон, цæмæй, дуарыл кæмæй хæцыд, уыцы къух суæгъд кæна, фæлæ та йæхи иуварс фæсайдта. Ныууагътон æй. Гыццыл фалдæр бандоныл æрбадтæн, æмæ уæд чызг дæр йæ хъазын ныууагъта æмæ мæ размæ бацыд. Сбадын æй кодтон. Йæ цæстæнгасæй худгæйæ цы гуырысхо æрбайсæфт, уый та дзы ногæй фæзынд. Кæртыл та-иу йæ цæстытæ ахаста æмæ та- иу фæстæмæ агурæгау мæныл æрлæууыдысты. Гыццыл чызг хъазгæйæ уæндондæр уыд, фæлæ ныр ас адæй- магау æнцад каст, хъуыдыгæнгæ. Комкоммæ æрбакæсын мæм æфсæрмы кодта, фæлæ-иу ын гæнæн куы фæцис, уæд-иу мыл йæ цæст бæлвырд ахаста. Гыццыл чызг дзуццæджы æрбадт æмæ йæ къабайы дзыппæй мелы къæртт фелвæста. Æмраст хахх æркодта æмæ дзы фæй- нæрдæм къабузтæ ауагъта. Дидинæг ныв кæны, уый зын бамбарæн нæ уыд, кæд дзы раст хæххытæй дарддæр ницы уыд, уæддæр. Чызг æнарæхстæй, фæлæ зæрдиагæй архайдта. — Ды дæр ныв кæнын уарзыс? — афарстон æй æз. — О. Мæ хо нывгæнæг у, стæй хорз зары... Уый мын мамæ дзырдта... Æз дæр нывгæнæг куы суаин, уый мæ фæнды... — Æмæ дæ хо йæхæдæг кæм ис? Гыццыл чызг йæ сæр дæлæмæ æруагъта æмæ ас адæймагау загъта: — Æз æй нæ зонын... Махимæ нæ цæры. — Цæуылнæ? Чызг та иуцасдæр ницыуал сдзырдта, стæй загъта: — Уымæн æндæр мад ис. Æз аджих дæн, — мæнæн дæр ахæм гыццыл хо ис, æмæ ууыл ахъуыды кодтон... Афæдз ыл цыдаид, афтæ йæ йæ мад махæй ахаста. Уымæй йæ иу афæдзырдæджы размæ та махмæ ныууагъта, мæн, дам, нæ хъæуы. Стæй иуизæр æрбабырста иу сылгоймагимæ. «Дзыгы» — афтæ йæ хуыдтам мах буцдæрæн, — пъолыл ын цы хъæццул тыд уыдис, ууыл йæ цыппæртыл згъордта, æцæгæ- 20
лон сылгоймæгты къæсæрыл куы ауыдта, уæд мæ мадырдæм фæ- цæйлыгьд, фæлæ йæм уый къухтæ нал арæхстысты; йæ мад æй фелвæста, æмæ, йемæ цы хъарм хъæццул æрбахаста, уым æй æрбатыхта. Сывæллон ныккуыдта æмæ дзы йæхи æддæмæ æппæрста, фæлæ йæ сылгоймаг нал æрæвæрдта; йæ номæй йæм дзырдта æмæ йæм худт. Сывæллонæй ферох йæ мад, æмæ йæ кæуынæй не ’нцад. Йæхи махмæ æппæрста. Мах бон ницы зæгъын уыд, йæ мад æм æрбацыд. Йæ мад æй хæсгæ кодта, æмæ сагъдауæй лæууыдыстæм, рагацау æмбæрстам, æнæ Дзыгы нын куыд зын уыдзæн, йæ алы фæзылд, йæ ныхас æнгæстæ йын куыд мысдзыстæм, уый, æмæ мæ мад йæ цæнгтæй йæ фæрстæ æрбалвæста: «Дæдæй фæкæнай, уый цавæр мад у, йæ сывæллоны чи аппары, уый? Стæй йæм бирæгъы лæбурд æрбакæн...» Ууыл рацыд цалдæр азы, æмæ ма йæ иухатт федтон. Чидæр нæм æй æрбакодта. Гыццыл чызг. Йæ хæмпус сæрыхъуынтыл урс уадздзаг бæстон баст. Йæ гыццыл зæнгтæ зынынц, сырх æмæ урс нæмгуытæ æппæрст кæуыл уыд, ахæм хъуымацæй хуыд къабайæ. Уый Дзыгы уыд, æрмæст мæ цæстытыл чи уад, уый — нæ. Уый уыд æцæгæлон сывæллон, фæлæ мæн бафæндыд, куы мæ бамбарид, уый, æмæ йæ агьуыстмæ акодтон. Мæн фæндыд, мæ ныхæстæ йын йæ зæрдыл куы ’рлæууын кæниккой, æз ыл куыд æнувыд уыдтæн, стæй мыл йæхæдæг дæр куыд тынг ахуыр уыд, уый, фæлæ уый уыцы Дзыгы нал уыд. Йæ зæрдæйæ кæд- дæр йæ мад куыд тагъд ферох ис, афтæ тагъд ферох стæм мах дæр, æмæ йын мæ бон ницы уыд... Мæ гыццыл лымæн йæ сæр дзургæйæ куыд нæ иста уæлæмæ, афтæ та уæд дæр æнцад зæхмæ касти. Сыстадыстæм æмæ нарæг фæндагыл дыууæрдæм рацу-бацу кодтам. «Цымæ мæн дæр мæ гыццыл хо тынг уарзид, ацы чызг йæ хойы куыд уарзы, афтæ? — ахъуыды кодтон æз. — Дæ мад дæ нæ агуры афонмæ? Гыццыл чызг йæ сæр батылдта. — Кæм дæн, уый зоны. «Сывæллон искæй дуармæ дзæгъæл лæуд куы кæна, уæд уым хорзæй цы ис?» — Цом уал уæдæ мидæмæ. — Кæд æмæ кæд æрбацыд, уæдæй- уæдмæ сæххормаг уыдаид. Чызг уæлдай ницыуал загъта. Æз ын йæ къух райстон, æмæ та мидæмæ цæугæйæ дæр йæхи фæстæмæ ауадзгæйæ, дыууæр- дæм ракъæдз-бакъæдз кодта. Иу ран нæ лæууыд. Агъуысты дуар байгом кодтон æмæ йæ мæ разæй бауагътон. Æз фынг æвæрынмæ бавнæлдтон, гыццыл чызг та иннæ агъуыст- мæ бацыд. 21
Хæринаг куы æрæвæрдтон, уæд æм бауадтæн. Мæ бацыдмæ лæууыд, пианинойы сæрмæ цы стыр хуызист ауыгъд уыд, уый- размæ. Ме ’рбацыд дæр нæ бафиппайдта. — Уый мæ фыд у, — загътон æз æмæ йæ мæ хъæбысы æрба- кодтон. Чызг йæ хуыз куыд аивта, уый нæ раиртæстаин, уазал- гæнæгау куыд базыр-зыр кодта, уый куы нæ бамбæрстаин, æмæ йæм куы не ’ркастаин, уæд. — Дæ фыд? — дисгæнгæ мæ бафарста, цыма уымæн гæнæн нæ уыд, æмæ æз афтæ кæй загътон, ууыл фæдызæрдыг, уыйау. Ницыуал сдзырдта. Йæхи мæм æрбаласта; мæ цонг мын йæхимæ æривæзта æмæ батыхст. Æрмæстдæр мæ уæд бафæндыд, ацы гыццыл чызг чи у, уый базонын. Цыфæнды мын нал уыд, зонгæ стæм æви нæ, уый дæр, æмæ йæм сдзырдтон: — Дæ ном дæр мын нæма загътай. Уæдмæ гыццыл чызг лæууыд дуаргæрон, æмæ мын цыма мæ ныхæстæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, уыйау загьта: — Æз мæ фыды фенынмæ æрбацыдтæн. Махмæ дæр ис йæ къам!.. — стæй дуар фегом кодта æмæ кæрты азгъордта. Цы бамбарын ма мын хъуыд, чи у, уый. Йæ фæдыл дуармæ рауадтæн; мæ зæрды уыд йæ фæстæ ахъæр кæнын, баййафын æй æмæ йæ фæстæмæ раздахын, фæлæ... дард- дæр нал ацыдтæн. Гыццыл чызг та азгьордта уынджы уæлæр- дæм, стæй бæлæсты аууон фæцис æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ куы иу, куы иннæ ран фæзынд йæ цъæх къабайы. «Нырма саби дæ, æцæгæлæттæ цæмæн стæм, уый бамбары- нæн...» — хъуыды кодтон æз. 1962 аз ДЫУУÆ ДИДИНÆДЖЫ Сæумæрайсомы мигъджын арв куы рангæс æмæ æрдз куы бахъæлдзæг, уæд сæхиуыл схæцыдысты, рудзынджы раз цы садзгæ дидинджытæ уыдис, уыдон дæр. Сæ иу, нæ йын зонын йæ ном, — фæтæнсыф дидинæг, ницы тæф лæвæрдта æппын- дæр. Лæууыд æнцад, райдзаст æмæ рæсугъдæй, уазалзæрдæ адæймагау. Цæст-иу æй уайтагъд бафиппайдта йæ сонт ирд дидинджытæй. Бирæ хæттыты æрлæууыдтæн ацы дидинæджы раз æмæ хъуыды кодтон, цы пайдайæн, цæмæн цæры, ууыл. Мæ зæрдæ-иу æрбатыхст ахæм рæстæг, дзуапп раттын кæй нæ уыд мæ бон мæхицæн, уымæй, æмæ-иу иуфарс ацыдтæн. Бон- 22
иу ракалдта дидинæг æмæ-иу йæ бур дидинджыты сыфтæ сæхи аивæзтой армытъæпæнтау, изæр та-иу, хурныгуылды, æрба- тымбыл сты. Йæ фарсмæ уыд, хъарм бæстæтæй кæцæйдæр чи ’рбафтыд, ахæм дидинæг. Чысыл лыстæг хъæд аив ссыд фæтæнбыл дуры- ныл. Йæ цъупп ын фидауц кодта иунæг гыццыл къуыбар. Дымгæ- иу ыл куы æрбацыд, уæд-иу йæхи иуварс акъул кодта, базыр- зыр, бакатай-иу кодта, стæй-иу дымгæ куы «фæаууон» уæд та- иу æрынцад æмæ-иу ногæй йæ хъал сæр бæрзонд систа. Къуыбар рæзт, стыр кодта. Æрмæст афтæ сабыр рæзыдис, æмæ йæм мæ бон нал уыд æнхъæлмæ кæсын. Æппынфæстаг, цалдæр боны фæстæ байгом кодта йæ «дзых» æмæ дзы разынд сырх æвзæгтæ. Уыдысты кæрæдзиуыл здыхт, фæлæ мæм афтæ каст: рацæудзæн хæрз чысыл рæстæг, рацæу- дзæн ма æрмæст иу минут, æмæ равдисдзæн йæхи æппæтæй дæр. Иубон та бацыдтæн дидинджытæм, кастæн Сырх дидинæджы уымæл æвзæгтæм æмæ йæм мæсты кодтон, афтæ сындæг кæй æфтауы дидинæг, уый тыххæй. Хъавгæ бавнæлдтон къуыбармæ, ме ’нгуылдзты æхсæн æй балхъывтон æмæ йæ цъæх былтæ куы фегом сты, уæд сыл фæйнæрдæм ахæцыдтæн. Дидинæджы сыфтæ уыдысты æмпылд, тарсырх. Афон сын уыд райхæлынæн, фæлæ куыддæр мæ къух иуварс айстон, афтæ дидинæг ногæй æрбатым- был; нæ коммæ каст æмæ кæд йæхæдæг дæр тынг архайдта рай- хæлыныл, уæддæр æй нæ фæндыд искæй æххуыс исын. Фæлæ нал уыд йæхи, йæ рæсугъддзинад æмбæхсын, йæхиуыл нал цыд йæ бон, йе ’мгъуыд куы ’рцыд, уæд. Æмæ æппынфæстаг, иу райсом федтон, дидинæджы лыстæг къалиу куыд æртасыд стыр, диссаджы рæсугъд сырх дидинæ- джы уæзæй, уый. Дидинæг уыд артау ирд æмæ йæ цъæх сыфты æхсæнæй зынд æхсидавау. Дымгæ йæ сабыр уызта, æмæ мæм афтæ каст, цыма ныртæккæ æртхутæгау æрызгьæлдзæн зæхмæ, æхсидавы цæхæртау, цыма ахуысдзæн... Дыккаг, Бур дидинæг, æрмынæг йæ сыхаджы раз, фæлæ уæд- дæр йæ уыцы къæйных калд кодта йæ бур дидинджытæ, иу ин- нæйы фæдыл, фæлæ сæ хъуыды дæр ничи кодта. Æз зыдтон, Сырх дидинæг куыд стæм хатт рафтауы, цæргæ дæр афтæ гыццыл кæй кæны, уый, æмæ изæрдалынгты федтон, хурныгуылдимæ йæ цардæй фæцæуы, уый. Æрхæндæгæй æруагъта йæхи дæлæмæ. Æз æм кастæн æнæ- дзургæйæ æмæ йын барстон йæ цард бирæ цæйдæртимæ, суанг адæймаджы хъысмæтимæ, фæлæ йыл дзы иу дæр нæ бадт. Уый уыд, барæн кæмæн нæй, ахæм цыбыр, ирд, хуымæтæг цард. Ферт- тывта мидбыл худтау, адæмы зæрдæты бауагъта йæ рухсы тæ- мæн, йæ цæрддон хъарм цин æмæ ахуыссыд... 23
Хæстæг бацыдтæн рудзынгмæ. Хурныгуылæны цæхæр æрмы- нæг. Агъуысты зынгæ фæталынг. Æз-иу æнкъардæй бакастæн куы дидинæгмæ, куы та-иу ахастон мæ цæстæнгас ныгуылæ- ныл. Мæ алыварс уынæр нæ цыд, цыма иууылдæр изæры рæ- сугъддзинадмæ æмæ æрдзы хъæлæстæм ныхъхъуыстой, уыйау. Æрмæст репродукторæй мынæг хъæлæсæй хъуысыд цавæрдæр скæсæйнаг мелоди, æнкъард, цыма æнæкæрон зæрдæйы мастыл дзырдта, ахæм, æмæ мын мæ зæрдæ бынтондæр æрхæндæг код- та. Уæлдай тыхджындæрæй йæ «маст» рæстæгæй-рæстæгмæ æвды- ста иу мыр æмæ йæм мæ бон хъусын куынæуал уыд, уæд мæхи- цæн загътон: «Куыддæр ма йæ фехъусон, афтæ æнæмæнг скæу- дзынæн», æмæ репродуктор æрзылдтон. 1963 аз АБОН У МÆ ЧЫНДЗÆХСÆВ (Хинымæр ныхас) Абон у мæ чындзæхсæв. Мæ цард баст æрцыд, йæ ракуры- ныл хъуыды дæр кæмæн никуы кодтон, ахæм адæймагимæ. Дзæ- бæх чызг, дам, у. Æз ыл арæх æмбæлдтæн, радтон ын-иу салам, нæ хъæуккаг уыд, зыдтон æй. Æмæ ныр... Ацы хъуыддаг мæм кæсы фын фенæгау. Фæлæ нæ, уый фын нæу. Уый æцæгдзинад у! Æмæ не ’хсæн, Разиат, нырмæ цы уæрæх быдыр уыд, уый сси æнæкæрон. Æрбадтæн фæсвæд ран, зæронд бæласы лыггагыл æмæ кæ- сын арвмæ. Скæсæнырдыгæй дзаг мæй мигъты бызгъуырты фæ- стæйæ йæ был сдардта. Куы амбæхсы, куы та ракæсы, цыма мæ чындзæхсæвы тыххæй исты аххосджын у, уыйау æфсæрмытæ кæнæгау. Абон у мæ чындзæхсæв. Æрбакæндзысты æрыгон чызг мæ номыл. Схондзæн мæ йæ мой, фæлæ цæй мой ис мæнæй? Фæн- ды мæ нырма уæгъдибарæй ацæрын. Æнкъард сты ме ’взонджы бонтæ: нæ зонын мæ мад æмæ мæ фыды. Дзырдтой иу: дæ фыд, дам, нал ссыд хæстæй. Дæ мад та, дам, йæ зæрдæйæ амард, æвзæр хабар куы фехъуыста йæ мойæ, уæд. Мæ чысыл хоимæ нæ нæ фыдыфсымæры ус схъомыл кодта. Бамбар дæхæдæг, куыд хъомыл кодта, мæгуыр, мах, дыууæ сидзæры, хæсты фæстæ æва- дат, ,зын уавæрты... Ныр базæронд. Хъæуы йæ æххуысгæнæг йæ хæдзары зилæнты æмæ сфæнд кодта мæнæн ус ракурын. Мæ зæрдыл та æрлæууыд мæ фембæлд дæуимæ. Уазæгуаты уыдтæн мæ фыдыфсымæры чызгмæ. Куы ’рцыдтæн, уый дыккаг бон 24
федтон дæу. Кæрты къуымы æхсадтай гæрстæ, стæй сæ рахас- тай ауындзынмæ. Æз ирхæфстон мæ хойы чысыл чызджы æмæ та ногæй федтон дæу. Уыйфæстæ рацæйцыдтæ донмæ нæ рæз- ты. Гыццыл чызг сцин кодта дæу фенгæйæ æмæ дæм атындзыд- та. Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма дыл сывæллон уымæй размæ дæр ахуыр уыд. Фæлæ йæм ды не ’рлæууыдтæ, æрмæст æм мид- былты бахудтæ æмæ фæивгъуыдтай нæ рæзты. Изæры мæ хъус æрцахста æнахуыр æнкъард мелоди, фæнды- ры зæлтæ та хъуыстысты уæ рудзгуытæй. Æз æмбæрстон, ца- вæр æнахуыр æнкъарæнимæ цæгъдыс, цавæр сагъæс æмбæхст ис де ’нгуылдзты бын. Афтæ мæм каст, цыма сæ зæрдæйы æнæкæ- рон тыхст хъуысы. Абон у мæ чындзæхсæв. Уынын хъæлдзæг цæсгæмттæ... кæ- нынц мын арфæтæ... зæрдиаг ныхæстæ... æмæ сын æнæбары мид- былхудтимæ дзуапп дæттын: «Бузныг». Хъæлдзæг чындзæхсæ- вы цагъды бæсты мæ хъустыл уайы дæ фæндыры цагъд. Уынын дæ къухты змæлд фæндыры амонæнтыл. Нæ зонын, цавæр хатдзæг скæнис ацы хъуыдытæй. Ды мæ, чи зоны схонис, дыууæ æрыгон уды чи æууилы, ахæм калм. Фæлæ уый раст нæу! Дæуимæ баст дæн зæрдæйæ, абонæй фæс- тæмæ мæ царды æмбал чи уыдзæн, уыимæ та хъысмæтæй. Уыдис мæм сыгъдæг бæллицтæ. Фæлæ фыццаг хуры скас- тимæ атадысты æмæ ныууагьтой сæ фæстæ æрмæст цъитийы до- нау сыгъдæг æмæ æхсызгон мысинæгтæ. Рацыдис иу афæдз нæ фыццаг фембæлдыл. Нæ дыккаг фембæлд уыд цалдæр мæйы размæ. Ногбон изæр. Фембæлдыстæм нæ горæты, Сæрибары фæзы. Цыма мын мæ бæллицтæн цыдæр æнæуынгæ тых баххуыс кодта, уыйау мæ размæ февзæрдтæ урс бæзджын миты гæлæбуты æхсæнæй, æры- гон лæппутæ æмæ чызджытимæ. Базыдтон дзы æрмæст де ’фсы- мæры. Æрлæууыдыстут Ногбоны зазы раз. Ацы хатт уыдтæ хъæлдзæг. Ды нæ уыдтай мæн. Цæуылдæр худтыстут. Æмæ куыд нæ! Ногбон æхсæв... Æвзонгдзинад. Цы ма уа уымæй рæсугъд- дæр? Æвиппайды дæ цæсгом фæсагъæсхуыз. Цырагъы рухсмæ раиртæстон: дæ аив æмбырдгонд дзыккутæ æмæ дæ сау худы уыдтæ асдæр хуыз. Æз дæр æрчъицыдтон. Фефсæрмы дæн мæхицæй: «Тагъд мæ чындзæхсæв уыдзæн, афтæмæй та æндæры мысын». Бауайдзæф кодтон мæхицæн. Уыцы бонæй фæстæмæ нал хицæн кодтай мæ хъуыдытæй. Сфæнд дæм кодтон фыстæг ныффыссын, фæндыди мæ, цæмæй мын æмбарай мæ хъуыдытæ, фæлæ та ныууагътон уыцы фæнд дæр. Цы дзы рауайдзæн?.. Абон у мæ чындзæхсæв... 25
АМОНДЦЖЫН Æз æвзонджы бонты бауарзтон Индийы дард бæстæ. Уыцы уарзт мæм равзæрд йæ кинонывты, йæ зарджыты, йæ кæфтыты, йæ аргъæутты руаджы. Мæн фæндыд мæ уарзт равдисын, æмæ сарæзтон, нывгæнæджы нывтæй ист нæ, фæлæ мæхи зæрдæйы чи равзæрд, ахæм ныв. Кармаваяи — афтæ хуыйны мæ радзырды архайæг чызджы ном — уый риуы нывæрдтон, Индийы адæм мæ цæстытыл куыд хæларзæрдæйæ уайынц, ахæм æнæхин, сыгъдæг зæрдæ. Мæн фæндыд амондджын æй куы скæ- нин, аргъауæн хорз кæрон куы уаид, уый сабийы куыд тынг фæфæнды, афтæ, æмæ йыл ном дæр уымæ гæсгæ сæвæрдтон — Кармавали, ома, амондджын. * * * Радзурдзынæн уын иу чызджы тыххæй. Хуыдтой йæ Карма- вали кæнæ, цыбырдæрæй — Карма. Кæд нырма йæ сабийы бонтæ ныр фæивгъуыдтой, уæддæр уыд æмбаргæ, аив. Æрмæст ничи зыдта, йæ аивдзинад ын æнæзынгæ чи кодта, йæ рæсугъддзина- ды фæстæ цы сау æндæрг лæууыд, уый. Карма уыд гоби. Йæ алыварс цы адæм уыд, уыдонмæ гæсгæ-иу дзурыныл куы архай- дта, уæд-иу йæ былтæ фæтæпп-фæтæпп кодтой, фæлæ сæ æмыр уынæрæй дарддæр ницы хъуыст. Чызгыл фараст азы куы сæх- хæст, уæд æм йæ фыд æрбахуыдта пандит1. Уый йæ ахуыр кодта дыууæ азы дæргъы фыссын æмæ кæсыныл, фæлæ уæдмæ панди- ты дард ранмæ цæуын бахъуыд, æмæ та Карма баззад иунæгæй. Æгæр раджы бамбæрста гоби чызг, иунæг кæй у, йемæ дзурын кæй никæй фæнды, уый, æмæ йæхи дард ласта адæмæй. Сæ рæс- тæг хъæлдзæгæй чи æрвыста, уыцы æмгæртты раз бадын дæр нæ уыд йæ бон. Афтæ йæм-иу каст, цыма ууыл худынц. Ахæм рæс- тæджы-иу Карма алыгъд се ’хсæнæй, æппындæр æй кæм ничи уына, ахæм къуыммæ, æмæ-иу куыдта йе ’намонд хъысмæтыл. Цымæ исчи æмбæрста гоби чызджы? Нæ! Ничи!.. Иучысыл рæс- тæг чи нæ æвгьау кодта Кармаимæ абадыныл, уый уыд Чару, сæ сыхаг чызг æмæ йæ хуыздæр æмбал, фæлæ-иу æй уый дæр уай- тагъд фæуагьта. Æнкъард кодта йемæ, æви йын йæ хиуарзон зæрдæ бар нæ лæвæрдта Гоби чызгимæ бадынæн, уый нæ зонын. Карма æнкъарддзинад æмæ æфхæрд кæм нæ зыдта, уый уыд цæугæдон Гангы был. «Ганг — мад у». Афтæ фæзæгъынц ацы цæугæдонæй индийаг 1 П а н д и т — ахуыргонд адæймаг. 26
адæм. Æрдзы рæсугъддзинад, дидинджытæ, цæст цы уыдта, уыдон иууылдæр цавæрдæр æхсызгондзинад лæвæрдтой æрыгон чыз- гæн, йæ æгомыг зæрдæйы йын уагътой, кæй никуыма банкъард- та, ахæм бæллицтæ. Боны æнтæф, æнуд рæстæг-иу куы ахицæн, уæд-иу æрбацыд доныбылмæ. Æрбадт-иу бæласы бын тæккæ былгæрон æмæ каст доны уылæнтæм. Йæ цæст нæ цух кодта, иу уылæн иннæуыл куыд уад, уымæй. Мæнæ та абон^дæр æрбацыд Карма Гангы былмæ. Абон дæр та у æнкъард. Йæ авджын цонгдарæнтæ ба- дзæгъ-дзæгъ кæнынц, донмæ куы нывналы æмæ дзы йæхиуыл куы скалы, уæд. Æнæ уынæрæй худти, хъазыд йæхицæн Гангы хъæбул, æмæ, æвæдза, дон дзурын куы зонид, уæд ын æнæра- дзургæ нæ фæуаид, йæхæдæг дæр ыл куыд цин кæны, уый тых- хæй. Æниу, ууыл тыхсгæ дæр никуы бакодтой нæдæр дон, нæ- дæр чызг, æнæуи дæр хорз æмбæрстой кæрæдзийы. Мæнæ йæ рæзты аленк кодтой кæсагахсджытæ, æвæццæгæн, сæ боны фæллоимæ. Сæ сау буар хурмæ æрттывдтытæ калдта. Кæсагахсджытæй иу базарыд. Уый зарыд зæрдæбынæй. Доны сыр-сыр æмæ зарæджы зæлтæ иу кодтой. Былыл цы адæм цыд, уыдон-иу æрлæууыдысты æмæ хъуыстой æнахуыр рæсугъд за- рæгмæ. Нæ хъуыста, зæрдæ хъæлдзæг æмæ рог чи кодта, уыцы зарæг æрмæст гоби чызг. Рацыд цасдæр рæстæг. Фыццагау сабыр цæугæдонау цæуы цард. Ивддзинæдтæ æрцыд æрмæст Кармайы царды. Амард йæ мад. Фыд ракуырдта дыккаг ус. Фыдыус нæ бауарзта чызджы. Фыдыусæн райгуырд лæппу, Гопал. Æвæццæгæн ын бинонтæй уæлдай буц ми кæй ничи кодта, уымæ гæсгæ лæппу иуæй-иу буц, хивæнд сывæллоны хуызæн нæ уыд. Уый уыдта, йæ мад куыд æфхæры Кармайы, фæлæ не ’мбæр- ста, цы фыдгæнд бакодта йæ хистæр хо. Хатгай-иу йæ чысыл зæрдæйы сæвзæрд тæригъæддзинад, тæригъæддзинадæй æвзæрд хæлардзинад. Æмæ гыццыл лæппу афтæ балымæн Кармаимæ, æмæ æнæ уый лæугæ дæр никуыуал кодта. Иухатт та чызджы йæ фыдыус куы бафхæрдта, æмæ чызг йæ цæссыг куыд калдта, афтæ йæ Гопал ауыдта. Йæ хъазын фæ- уагъта æмæ йæ хойы цур балæууыд. — Диди! Диди1, цæмæн кæуыс?! — афарста йæ саби. Хо йын йæ сæрыхъуынтæ æрсæрфта æмæ дуармæ ацамыдта, ома ацу, кæннод та дæм дæ мад хæцдзæн. Фæяæ уый нæ ацыд. — Ма ку, диди! — лæгъстæ кодта лæппу. — Æз дын ныр- тæккæ ладду2 æрбахæсдзынæн, æмæ ма ноджыдæр... — йæ ныхас 1Д и д и — афтæ дзурынц кæстæртæ хистæр хомæ. 2 Л а д д у — арахисæй конд гуыл. 27
нал фæцис, афтæ ауыдта йæ мады дуары цур лæугæ. Кадджа- лæй1 ахуырст сау цæсты уæлтъыфæлтты æхсæн цæсты урсытæ æнахуыр æрттывд кодтой. — А-а, уый мæнæ кæм дæ! — мæсты худт бакодта ус. — Бадыс дæ зæрдæйы дзæбæхæн, хæдзарэен, куыстытæн та — бар сæхи! Уыцы рæстæг Гопал батахт йæ мадмæ æмæ йын йæ фæдджи ивазгæ скуыдта: — Ма загьд кæн дидимæ, уый дзурын куы нæ зоны! Сывæллоны цæссыгтæ ауынгæйæ тынгдæр смæсты сылгоймаг. — Кæсыс, уыдон иууылдæр дæ хъуыддæгтæ сты! Ды йæ ар- дауыс йæ мадыл! Цом ардыгæй! — фæхæцыд лæппуйы цонгыл æмæ йæ тыххæй акодта. Цыдис рæстæг, фæлæ Кармайы уавæр нæ фæхуыздæр. Ницы зыдта фыд йæ чызджы цардæн, йæхи хъуыддæгтæй æнæвдæлон уæвгæйæ. Уыдта йæ æнкъардæй, фæлæ хъуыды кодта: «Йæ бон нæу йæ мады ферох кæнын». Агъуыст уыд талынг. Хъуысыд фынæй адæмы сабыр улæфт. Рудзынгæй зынд, арвы бæрзæндтæм мæй сындæггай куыд сцæй- тылд, уый. Йæ рухсмæ раиртасæн уыд, сылгоймаг йæ гуыры алыварс сари куыд тыхта, уый. Уый уыд Кармавали. Нал бафæ- рæзта йæ маст уромын æмæ сфæнд кодта сæ хæдзарæй ацæуын. Чызг бацыд Гопалы чысыл сынтæгмæ, фæндыд æй йæ райхъал кæнын æмæ йын зæгъын: «Цæуын æз. Ныр дæм дæ мад нал загъд кæндзæн. Хæрзбон!» Афтæ дзырдта йæ сусæг хъæлæс. Йæ былтæ та зыр-зыр кодтой. Уыйфæстæ бацыд йæ фыды хуыссæнмæ. Мæй хорз рухс кодта Хоркумары фæлмæст цæсгом, суанг ма йе ’рфгуы- ты сæрмæ цы тугдадзин уыд, уый дæр бæлвырд зынд. Лæджы цæсгом æм каст æнæнцойхуыз, цыма мæй дæр афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Кæсут-ма, куыд тарф æмæ тыхст у йæ хуыссæг». Кармайæн йæ уадултыл цы цæстысыгтæ æрызгъордта, уыдон сарийы кæронæй асæрфта, стæй бакаст, йæ фыдыус кæм хуыс- сыд, уырдæм. «Кæддæр ам хуыссыд мæ мад Монджу», — ахъуы- ды кодта Карма æмæ йæм уыцы рæстæг афтæ фæкаст, цыма йыл йæ мады хъарм къухтæ аныдзæвыдысты. Фæстаг хатт ахаста йæ цæст хæдзарыл, бакодта дуар æмæ рацыд. Мæйрухсмæ къахвæндаг зынди дзæбæх. Къæдзтæ-мæдзтæгæнгæ цыд суанг Гангы былмæ. Кармайæн йæ зæрдæ йæ риуы нал цыд, фæстаг хатт ма йæ райгуырæн хæдзармæ куы ракаст, уæд. Æрбарухс. Гопал йæ цæстытæ байгом кодта æмæ Кармайы хуыс- сæнмæ бакаст — чызджы хуыссæн уыд афтид. Йæ алыварс акаст. 1 Кадджал- индийаг сылгоймæгтæ дзы ахорынц сæ цæсты уæлтъы- фæлттæ хуры тынтæй сæ хъахъхъæныны тыххæй. 28
Мад дæр ма хуыссы. Лæппу фестад æмæ кæртмæ разгъордта, фæлæ чызг уым дæр нæ разынд. Уырдыгæй фæраст доныбылмæ, кæд донмæ ацыд, зæгъгæ. Нæ уыд уым дæр Карма, йæ бынат бæласы бын уыд афтид, бæласы бæгънæг уидæгтæ чысыл уылæнтæ æхсадтой. Дард кæцæйдæр хъуысы кæсагахсæджы за- рын. Гопал згъоры доныбылтыл йæ хойы агурæг. Æвиппайды ауыдта сылгоймаджы бæгъæввад къæхты фæд. — Уый Кармайы фæд у, ссардзынæн æй ныр! — сцин кодта лæппу, фæлæ йæ къахдзæфтæ дард нæ акодтой, ацыдысты до- нырдæм æмæ фесæфтысты. Фыркатайæ йæ былтыл дæндагæй ныххæцыд æмæ йæ цæссыг нал бауромгæйæ скуыдта; æгъатыр доны уылæнтæ ныхсадтой чызджы къахвæдтæ. Арв мигътæй ахгæдта, æмæ чысыл рæстæджы фæстæ бын- тондæр ныттар ис. Сниудта дымгæ, æмæ тыхджын уарын рай- дыдта. Ничи уæндыд ацæуын æддæмæ ахæм рæстæг, уæддæр ма Гопал рацу-бацу кодта доны былты æмæ дзырдта йæ хомæ. Бирæ рæстæг ахаста уарын, стæй æппынæрæджиау банцад. Зæхх дондзæстытæй лæууыд. Гангы былгæрæттæ æддæдæр ра- цыдысты. Æххормаг, хуылыдз, уазал æмæ куыдвæлладæй Гопал хъуыды дæр нæ кодта хæдзар ссарыныл. Уый бадти змисбылгæ- рон æмæ æнкъардæй кæдæмдæр каст. Афтæ бадгæйæ йæ сын- дæггай хуыссæг æрцахста æмæ афардæг хуыссæджы бæстæмæ, адджын сæнттæ кæм æвзæрынц, иучысыл рæстæг адæймаг йе ’цæг цардæй кæм фæхицæн вæййы, уырдæм. Талынг кæнын байдыдта, афтæ хъæуырдыгæй цавæрдæр хъæ- лæба райхъуыст. Уыйфæстæ фæзынд тыхстхуыз адæмы къорд. Æрбахæстæг сты Гангмæ. Агуырдтой цыдæр. Сæ разæй цы ацæргæ лæг цыд, уый фæдзырдта: — Ардæм! Гопалы ссардтон! — базгъордта, йæ хъæбысмæ сис- та лæппуйы. Фæлæ уый уæддæр æнцад фынæй кодта. Сылгой- мæгты æхсæнæй йæм æрбазгъордта йæ мад æмæ лæппуйы йæ- химæ райста, нал уыд кæрон йæ цинæн. — Æнæхъæн бон дæу агурынæй мæ бон куынæуал у, ды та, æвæццæгæн, ацы уымæл зæххыл фынæй кодтай, — дзырдта мад, сывæллоны йæ хъæбысы кæнгæйæ. Лæппу ракаст æмæ йæ алы- варс мад, фыды, адæмы куы ауыдта, уæд фыццаг фæтарст, стæй йæ цæсгом фæсырх æмæ афарста: — Карма ам ис? Диди фæзынд? — Гопалы фæрстытæй иууыл- дæр бамбæрстой, чызгæн кæй ницы зоны. Адæмы тар цæстæнга- сæй та лæппу бамбæрста: Карма кæм ис, уый бæрæг нæма у. Уыцы рæстæг Хоркумармæ бацыд йæ сыхаг зæронд лæг, йæ къухы уыд урс тæнæг кæлмæрзæн. Адæм фембæрстой, зæронд цыдæр хабар кæй æрбахаста. — Хъæддых лæуу... Ганг æй бафснайдта... 29
— О Ганг! Нæ адæм дæ мад куы хонынц, уæд дæ цæмæн бахъуыд ахæм нывонд?! — сдзырдта зæронд Хоркумар донмæ разилгæйæ. Калькуттæ. Ралæууыд ног бон. Куыст фæтынгдæр горæтгæ- рон рынчындоны дæр. Райдыдта ног кусгæ бон, ног хабæрттæ, ног рынчынтæ, ног цард. Дохтыр ныхъхъуыды кодта: «Рынчынтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц, афтæмæй сын бынат нæ фаг кæны. Алы бон дæр мæлæт хæссы цалдæр уды, аскъуыны цалдæр царды». Йæ къухæй æрсæрфта йæ ных, сыстад æмæ рудзынгæй акаст. Уырдыгæй йæм хорз зынд горæт... Адæм иууылдæр кæдæмдæр тагъд кæнынц... Алкæмæн дæр ис йæхи хъуыддæгтæ, йæхи хъуыдытæ... — Дохтыр-сахиб! — айхъуыста хъæлæс. Дуары цур лæууыд æрыгон медицинон хо Радха. — Дохтыр! Æрбаластой нæм, йæхи доны чи баппæрста, ахæм чызджы. Хæстæг хъæутæй искуыцæй у, æвæццæгæн. Дохтыр байхъуыста хойы ныхасмæ, фæлæ йын ницы дзуапп радта, æрмæст йæ тар æрфгуытæ æрбалхынцъ кодта кæрæдзимæ, ахаста йæ цæстæнгас агъуыстыл, цыма рынчынæн ам агуырдта бынат, уыйау. — Махмæ бынат нæй, æндæр рынчындонмæ йæ аласæнт, — загъта æппынфæстаг. — Дохтыр, чызджы цард æндахы халыл лæууы. — Зæгъ, æмæ йæ æрбахæссой, — алыг кодта йæ ныхас уæд дохтыр. Иучысыл рæстæджы фæстæ дуар байгом, æмæ сынтыл æрба- хастой иу æрыгон чызг. Рынчын змæлгæ дæр нæ кодта, йæ цæс- тытæ уыдысты æхгæд. Райсомæй рынчын куы райхъал, уæд афæлгæсыд йæ алыварс. Стъолы цур, йæ цонг йæ сæрмæ сбыцæу кæнгæйæ, хуыссыд æры- гон лæппулæг урс халаты. Рынчын бамбæрста, кæм ис, уый, фæлæ цы æрцыд, уый нал хъуыды кодта. Дохтыр йе ’нгуылдзтæй йæ цæстытæ аууæрста æмæ рынчыны ’рдæм бакаст. Чызг хъал куы уыд, уæд æм бацыд, æрлæууыд йæ цуры æмæ бафарста: — Мæ хо, кæм дæ, уый зоныс? Чызг æм æнцад хæрдмæ каст, фæлæ йæ цæстæнгас æппын- дæр ницæуыл дзырдта, уыд æгомыг, æрмæст йæ цæсты гагуыты кæмдæр арф æрттывтой бузныгдзинады цырæгътæ. — Цавæр хъуыддаг дæ сфæлмæцын кодта дæ цардæй? — но- гæй та бафарста дохтыр æмæ, бандон хæстæгдæр æрбакæнгæйæ, 30
æрбадт йæ цуры. Йæ зæрдæ дардта: рынчын ын радзурдзæн йæ зæрдæйы маст, фæлæ уымæн йæ былтæ базмæлыдысты, афтæ- мæй сæ ныхас нæ райхъуыст. Дохтыр фæгуырысхо, чызг, æвæц- цæгæн, гоби у, зæгъгæ, стæй цалдæр фарсты фæстæ баууæндыд уыцы хъуыдыйыл. Тæригъæдгæнæджы цæстæй йæм бакаст, æмæ уыцы цæстæнгасæй цыма чызджы æппæт сæнттæ æмæ хъуы- дытæ иууылдæр сæххæст сты, цыма дзы ницыуал риссы, афтæ йæм фæкаст. Чызг афæлвæрдта йæ цæнгты æнцой рабадыныл, фæлæ йæ фæрстæ уæззау рыст скодтой, æмæ æвæндонæй йæхи æруагъта хуыссæны. Кармавали йæхи баппæрста доны, фæлæ, йæ амондæн, афтæ раджы æрбацæйздæхтысты кæсагахсджытæ. Чидæр сæ ауыдта, дон цыдæр æрласы, уый, хатгай ма фезмæлы. Йæ уд ма йæ ми- дæг гыццыл лæууыд, афтæмæй систой чызджы донæй æмæ йæ æрбаластой Калькуттæмæ. Æрыгон дохтыр Хорлалы руаджы чызг дзæбæх кæнын райдыдта. Бонæй-бонмæ Кармайы æнæниздзинад хуыздæр кодта, фæлæ уый нæ рухс кодта чызджы зæрдæ: йæ размæ æппæт фæндæгтæ дæр уыдысты æхгæд. Нæ йæ фæндыд раздæхын йæ хæдзармæ, нæ йæ айста Ганг. * * * Хур бæрзонд ссыди. Ралæууыд та царды бонтæй иу. Иу адæй- маг баййафы тыхст дæр, циндзинад дæр. Æрлæууынц йæ зæр- дыл ивгъуыд царды нывтæ. Скъоладзаутæ радтой салам ахуыр- гæнæг Ромешæн æмæ сæ бынæтты сбадтысты. Æнхъæлмæ кас- тысты урочы райдайынмæ. — Фæстагдæр хатт кастыстæм адæмон аргъау «Сидзæр чызг», — загъта ахуыргæнæг. Систа хызынæй тæнæгцъар чиныг, байгом кодта, чи хъуыд, уыцы фарс, æмæ кæсын райдыдта: «Цас фæ- рæзтаид чызг фыдыусы æфхæрд барын, сыстад иуæхсæв æмæ ацыд йæ хæдзарæй». Сывæллæттæй иу йæ къух сдардта. — Гопал Кундо? Цы нæ бамбæрстай? Лæппу сыстад æмæ бафарста: — Цæмæн æй æфхæрдта фыдыус? Ахуыргæнæг йæ кæсæнцæстытæ райста цæстытæй æмæ бæл- вырд бакаст сабимæ, цыма йæ цы фарст тыхсын кодта, уый йын йæ цæстыты цæхæры бакæсынмæ хъавыд, уыйау. — Сидзæр хорз чызг уыд, фыдыусы чызг та магуса. Ус æм хæлæг кодта æмæ сфæнд кодта чызджы амарын, æмæ чызг сæ хæдзарæй ацыд, — бамбарын кодта ахуыргæнæг, фæлæ уæддæр дис кодта, лæппу цæмæн бафарста, ууыл. Сывæллон йæ цæсгом фæтар кодта æмæ загъта: — Мæ мад дæр-иу арæх æфхæрдта Кармайы, æмæ чызг ацыд 31
махæй. Ныр нæм никуыуал æрцæудзæн. — Лæппу фæци йæ ны- хас æмæ скуыдта, йæ цонгæй цæсгом амбæрзгæйæ. Сывæллæттæй иутæ схудтысты, фæлæ ахуыргæнæг æрхоста стъол, æмæ фæсабыр сты, стæй бацыд Гопалмæ æмæ йын йæ сæрыхъуынтыл йæ къух æрхаста. — Ма ку, мæ хур, фæзындзæн дæ хо. Æнæмæнг фæзындзæн... Кæс-ма-иу, — зæрдæ авæрдта ахуыргæнæг æмæ йæ йæ хъуыдытæ ахастой дард æнæфсис æххормаг рæстæгмæ. Стæй йæ цæстæнгас æрлæууыд сывæллæттыл, Индийы ног фæлтæрыл. Уыдон æм кас- тысты, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыдысты: «Мах фæнды нæ амонд- джын цард аразын, ныр та уал уарзæм аргъæуттæ, æмæ нын сæ кæс». — Ног Индийы хъæбултæ! Сдардта уæм йæ был сæрибары хур, æмæ уын уыцы хурыскаст æрхæсдзæн амонд. Сымахæн ныр нал æрцæудзæн æмæ нал ахæсдзæн æххормаг рæстæг уæ хоты æмæ уе ’фсымæрты, кæддæр Ромешы хойы куыд ахаста йемæ, афтæ. Сывæллæттæ кастысты сæ ахуыргæнæгмæ, фæлæ сæ ничи æмбæрста, цавæр хъуыдытæ йæ тыхсын кодтой, уый. * * * Абон Карма сыстад тынг раджы. Афтæ йæм каст, цыма йын ныртæккæ цавæрдæр хъыг хабар фехъусын кæндзæн исчи. Рацыд балкъонмæ æмæ æрбадт бандоныл. Уыд рагуалдзæг æмæ алы цæ- рæгой дæр цин кодта йе ’рцыдыл. Дымгæ хаста дидинджыты тæф. Дохтыр куыд æрбацыд йæ цурмæ, уый æмбаргæ дæр нæ ба- кодта чызг, стæй йæ куы ауыдта, уæд фестад æмæ сæ кæрæ- дзийæн салам радтой хи армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл авæргæйæ. Дохтыр æм радта гæххæтты гæбаз. «Ныр ды бынтондæр æнæниз дæ. Тагъд дæ рафысдзыстæм уæхимæ. Ма ’нкъард кæн». Лæппу лæууыд æмæ каст чызджы æнгасмæ. Йæ зæрды уыд, чызг куыд фæрайдзаст уыдзæн, уый фенын. Фæлæ чызджы цæс- гом фенкъард, йæ къухтæ базыр-зыр кодтой æмæ дохтырмæ скæс- гæйæ, йæхи уый къæхтæм æрæппæрста. — Цæмæн афтæ кæныс? — фæдис ыл кодта дохтыр æмæ йын схæцыд йæ къухтыл. Чызг æм скасти, цыма зæгъынмæ хъавд: «Цæ- мæн афтæ æгъатыр дæ? Иучысыл дæм тæригъæд разынæд». Тых- сын æй кодта дохтыры дзуапп йе ’нæниздзинады тыххæй. Дохтыр ын цыма йæ хъуыдытæ бамбæрста: сбадын æй кодта æмæ ацыд. Æнæхъæн бон Карма бадти æнкъардæй. Уыд изæрдалынгтæ. Дохтыр зылди рынчынтыл. Æрдæггом дуарæй бадгæ ауыдта Кар- майы’. Уыцы рæстæг æрбайхъуыст зарын: О уселарвон сехсин, Радзур мыНу цæуыл у дæ хъыг! 32
Афтæ ма бирæ фæбадтаид, æвæццæгæн, Карма, цы аууон æй ракæсын кодта йæхимæ, уый куы нæ бафиппайдтаид, уæд. Уый æрбацæйцыд дохтыр. Æрбацыд æмæ чызгæн бамбарын кодта, мидæмæ ацу, зæгъгæ. Чызг сыстад, йæ сæры акуывдæй йын арфæ ракодта æмæ ацыд мидæмæ. Чысыл стъолыл æртæтигъон тых- тæй Карма бафиппайдта цавæрдæр гæххæтт. Байгом æй кодта æмæ бакаст: «Мæ зæрдæ дарын, кæй мæ бамбардзынæ, ууыл! Цы бон дæ æрбаластой ардæм, уæд дæ бафарстон, дæ бон дзу- рын нæу, уый нæ зонгæйæ. Æз бацæттæ кодтон мæхи хъусынмæ, фæлæ мæм ды кастæ æнæдзургæйæ. Абон та дæ фæрсын ногæй: — Цæмæн баппæрстай дæхи доны? Цæмæн маст кæныс де ’нæ- низдзинады хабар фехъусгæйæ? Æнхъæлмæ кæсын дæ дзуапмæ. Дæ хæлар Хорлал». «Дæ хæлар...» — йæхинымæр загъта Карма æмæ та йæ цæст ахаста фыстæгыл. «Цæмæн æй бафæндыд мæ цард зонын?» — ахъуыды кодта чызг, стæй иуварс авæрдта гæххæтт æмæ йæ дзау- мæттæ ласынмæ бавнæлдта, фæлæ йæм цæмæндæр афтæ фæкаст, цыма Хорлалы хъæлæс хъуыста: «Цы дæ сисын кодта дæхимæ дæ къухтæ? Цы? Цы?» Æрбадт стъолы цур æмæ фыссын райдыдта: «Æз бузныг дæн дæуæй, дæ хорз цæстæнгасæй. Æмæ мын цыма хион дæ, цыма дæ рагæй зонын, уымæй уæлдай мæм нæ кæсыс. Дæу фæнды, царды мæ цы стыхсын кодта, уый базонын. Æз дызæрдыг кодтон, фæлæ дын нæу мæ бон æнæ дзуапп ратгæ. Фараст азы мыл куы сæххæст, уæд амард мæ мад. Ныртæккæ «мад», зæгъгæ, афтæ куы фыссын, уæд та мæ цæстытыл ауад йæ сурæт. Йе ’нкъард цæстæнгас, мæ сæр мын-иу кæмæй рæвдыдта цыдæртæ дзургæ, йæ уыцы мæллæг æнгуылдзтæ. Мæ мады амарды фæстæ мæ фыд дыккаг ус ракуырдта. Ныр дын дарддæр дзурын нал хъæуы, цы мæ ныууадзын кодта мæ фыды хæдзар, уый. Кармавали Кундо». Æнтæф бон кæронмæ цыди. Рынчындоны кæрты бандоныл бадтысты дыууæ адæймаджы, сæ цуры та хъазыдысты сывæл- лæттæ: лæппу — иу-дыууадæсаздзыд, чызг — авдаздзыд. Сывæллæтты хъæлдзæг хъазтмæ кæсгæйæ-иу сылгоймаг ба- худт, уыд амондджын. Бандоны иннæ кæрон та бадт æрыгон лæппу æмæ-иу уый дæр бахудт. Уыцы дыууæ адæймаджы зонгæ нæ уыдысты, фæлæ сын сывæллæттæ хастой циндзинад, æмæ йæ дих кодтой иумæ. Уалынмæ рынчындоны кæрты фæзынд рæстæмбис кары нæлгоймаг. Сывæллæттæ йæ куы ауыдтой, уæд йæ размæ азгъордтой. Сæ фыды къухтыл хæцгæйæ бацыдысты, 3 Томайты Мисурхан зз
бадгæ чи кодта, уыдонмæ. Сылгоймаг сыстад æмæ къуызгæ дзырд кæнгæйæ батыхст. — Цæмæн афтæ бафæстиат дæ? Æвæццæгæн, тынг бафæллад дæ, нæ? — Нæ, нæ-æ, — сабыргомау сдзырдта лæг. — Ахицæн уыцы рæс- тæг, тынг кæд фæлладыстæм. Ныр дохтыртæ — бирæ, рынчынтæ та гыццыл. — Дыууæйæ дæр сæ мидбылты бахудтысты. Йæ сывæл- лæттимæ хъазгæйæ лæг хъуыды дæр не ’ркодта, бандоны иннæ кæрон чи бадт, уыцы лæппуйы, уый та уымæ æнхъæлмæ каст. — Гопал! — цины хъæр фæкодта лæг, куы йæ ауыдта, уæд. — Кæцæй фæдæ? — сылгоймаг сонт каст фæкодта лæппумæ, йæ ном ын куы айхъуыста, уæд. — Нæма уæ базонгæ кодтон, — загъта лæг. — Мæ бинойнаг Кармавали, — ацамыдта усмæ. Мæнæ ацы лæппу та мæ хорз æры- гон хæлар у, студент, суинаг хирург. — Карма! — фæдзырдта сылгоймаг, йе ’фсымæримæ чи хъæ- лæба кодта, уыцы чызгмæ. Лæппу йæм фæрсæджы каст бакодта. — Ма дис кæн, — сдзырдта лæг, стæй бакаст йæ ус æмæ йæ чызгмæ, бахудт æмæ загъта: — Сæ дыууæйæн дæр иу ном ис. Хистæрмæ дзурæм æххæст номæй, кæстæрмæ та Карма, куыд рæза, афтæ та йæ ном дæр йемæ рæздзæн, кæндзæн амондджындæр, йæ мады хуызæн. — Цæуылнæ равзæрстат æндæр рæсугьд ном? — бафарста лæппу. — Ме ’взонг хæлар, — сдзырдта дохтыр æмæ йын йе уæхскыл йæ къух æрæвæрдта. — Нæ чызг цы бон райгуырд, уый у нæ Индийы ссæрибары бон. Амондджын нæу, уыцы амондджын бон цы сывæллон райгуырд, уый? Лæппу разыйы цæстæй бакаст дохтырмæ. Сылгоймаг мид- былты худт, фæлæ-иу йæхимидæг батыхст, лæппумæ-иу куы ба- каст, уæд. Æппынфæстаг бафарста йæ мойы: кæцæй у йе ’мбал, куыд у йæ мыггаг? — Æз дæн Гангы былгæрæттæй, мæ мыггаг та Кундо у, мæ фыд хуындис Хоркумар. — Æцæг?! Гопал! Ме ’фсымæр! — хъæрæй сдзырдта Кармава- ли æмæ фæгуыбыр кодта, æнгуылдзтæй аныдзæвыд лæппуйы къах- фындзтыл. Лæппу йын февнæлдта йæ цæнгтæм æмæ сдзырдта: — Цæмæн афтæ кæныс? Иучысыл рæстæг фемдзаст сты, æмæ Кармавалийы цæсты- тыл ауад, фыццаг хил кæй цæсгом рамбæрзта, уыцы лæппу нæ, фæлæ гыццыл Гопал. Афтæ йæм каст, цыма йын йæ цъæхснаг хъæлæс айхъуыста: «Диди!» — Хорлал! — сдзырдта Кармавали. — Уый ме ’фсымæр у, æдзух дын кæй кой кодтон, уый. 34
Гопал дисгæнгæ каст йæ хомæ æмæ загъта: — Нæ зонын, мæ фыдæн ма чызджытæ уыд æви нæ, уый. Уыд ын иу чызг, Кармавали. Уый гоби уыд, йæхи доны баппæрста. — Ма гуырысхо кæн, нæ фыдæн уыд иунæг чызг, æмæ уый æз дæн, Карма. Ма дис кæн, гоби кæй уыд, ууыл дæр. Рарфæ кæн ацы хорз адæймагæн, — загъта ус æмæ бацамыдта йæ мой Хорлалмæ. Уæды онг сæм дис кæнгæйæ каст дохтыр æмæ æнцад лæууыд. Ныр бахудт æмæ лæппумæ дзургæйæ загъта: — Абоны онг кæрæдзийы зыдтам хорз зонгæтæй, нырæй фæс- тæмæ та ма уыдзыстæм хæстæджытæ дæр. — Æмæ йын йæ къух райста, стæй сдзырдта Кармамæ: — Ды амондджын дæ, Кармавали. ЗИТТÆ 1 Мæ ’мбæлттимæ нæ кæртмæ куы бахызтæн, уæд ауыдтон мæ мады: гыццыл фалдæр бæлæтты фæстæ цы сывæллон разгъор- базгъор кодта, уымæ йæ цæст дардта. Цыма цалдæр азы нæ федтам кæрæдзийы, афтæ мæм фæкаст, мады хъарм уæззау цæнтгæ мыл сæхи куы æрбатыхтой, уæд. Кæйдæр фæлмæн къухтæ нæ зæнгтыл тыхстысты, стæй мæныл æддæмæ ахæцыд. Бынмæ æркастæн. Кæрты цы сывæллон ратæх- батæх кодта, уый фидар хæцыд мæ мады фæдджийыл æмæ мæм хæрдмæ каст мæстджын æмæ кæуындзастæй. Йæ къух, мæн куыд ассыдта, афтæ æндзыгæй баззади. Йæ егъау дондзаст цæстытæ мæнæй цыдæр домдтой, фæлæ æз мæ азым не ’мбæрстон. Бæлвырд- дæр сæм ныккастæн, æмæ мын ацы хатт загътой: «Ды та чи дæ?» Нæ алыварс лæуджытæ ныл худтысты, æмæ æз мæ мады цонгмæ бавнæлдтон, æххуыс дзы агуырдтон, сывæллоны æнах- хос зæрдæмæ фæндаг куыд ссарон, уымæй. Фæлæ уæдмæ сы- вæллоны цæстытæй цы цæссыгтæ æрттывтой, уыдон йæ уадул- тыл æртылдысты. Мæ мады фæдджийыл ныттыхсти, æмæ «мæн у» зæгъгæ, скуыдта. Фæндыд мæ, афæдздзыдæй цы хæрæфырт ныууагътон, уый басабыр кæнын, йæ барæвдауын, æмæ йæ мæ хъæбысмæ сисын афæлвæрдтон, фæлæ сывæллон тынгдæр ныккуыдта. — Уый дæ мадыхо у, дæ мадыхо... Цин-иу куы кодтай, «мады- хо»-иу куы фехъустай, уæд, — дзырдта йæм мæ мад, æмæ йæ йæ хъæбысмæ систа. Иннæтæ дæр æй сабыр кодтой, фæлæ сывæллон иуварс азылд æмæ мæм кæсгæ дæр нал кодта. Тæргай нæ уыдис, фæлæ тынг тыхст. 35
Æппынæрæджиау мæм разылд, цыма æрмæстдæр уæд æрлæу- уыд йæ зæрдыл, мадыхо... цы амоны, уый. Æмæ мæм дисгæнæ- гау каст. Цымæ цавæр сурæт уад йæ цæстытыл «дæ мадыхо», зæгъгæ йын-иу куы загътой, уæд? Æз ын арæх æрвыстон хъазæнтæ. Куы-иу ын сæ лæвæрдтой, уæд ын дзырдтаиккой: «Дæ мадыхо та дын цы рæсугьд хъазæн сæр- выста, Зиттæ». Сывæллон-иу хъазæн райстаид, цин ыл кодтаид. Кæйдæр рæвдауæг къух, йæ ном — «мадыхо» йæ æрæрвыста, уый бамбæрстаид. Фæлæ... цымæ уыцы дзырд цы амоны?.. «Мадыхо». Сывæллон йæ зæрдæйы сарæзта цавæрдæр сурæт... Æмæ ныр... Фæзынд «мадыхо», æмæ, ныронг Зиттæйæн æрмæст йæхи чи уыд, уыцы нанайыл цин кæны уый дæр!.. Цæмæн? Æмæ-иу ды- зæрдыггæнæгау йæ цæстæнгас мæныл æрхаста. Фæндыд æй, йæ зæрдæйы цы сурæт сарæзта мадыхойæн, уый та йæ цæстытыл ногæй куы ауайын кæнид, уый, фæлæ йæм уыцы сурæт æмгæрон нал цыд, æмæ та йæ цæстæнгас кæуындзастæй махыл æрхаста. * # * Агъуысты уыд мынæг рухс, сыгъд стъолылæвæргæ цырагъ. Иннæ агъуыстæй хъуыст бинонты ныхас, фæлæ мæн фæндыд иунæгæй абадын, æмæ мæхи диваныл æруагътон. Æз хъуыды кодтон мæ фæндагыл, цардыл, рæстæг куыд тагъд уайы, ууыл, Зиттæйыл. Æмæ цæуыл нæ хъуыды кодтон?! Уалынмæ мæ хъу- стыл гыццыл бæгъæввад къæхты тъæпп-тъæпп ауад. Ракастæн. Зиттæ дуаргæрон лæууы æмæ мæм æнæуæндонхуызæй йæ цæст дары. Æз уымæ кæсын, уый куы федта, уæд афæлвæрдта фæс- тæмæ азгъорын, фæлæ та æрлæууыд. — Рауай ардæм. Зиттæ, кæм лæууыд, уымæй змæлгæ дæр нæ фæкодта. Æз стъолыл цы хъазæн уыд, уымæ фæкомкоммæ дæн. — Зиттæ, дæ мадыхо дын ныртæккæ цы хъазæн ратдзæн, уымæ-ма кæс. Стъолæй хъазæн райстон. Нæ зонын, хъуыдыйы цы дзырд баззад — «мадыхо», уый йæ зæрдæмæ фæцыд, æви мæ ныхасмæ байхъуыста, фæлæ мæм сын- дæггай рацыд. Цыма мæн нæ, фæлæ мæ къухы цы рæсугъд хъа- зæн уыд, æрмæстдæр уый уыдта, цыма мæм уыцы рæстæг мæс- ты,дæр нал уыд, æрмæст мæ къухы цы рæсугъд хъазæн уыд, уый куы ницы фæуыдаид, куы нæ йæ амбæхстаин æз, ууыл тых- сти, афтæ йæ бамбæрстон. Сывæллон мæм йæхи сивæзта, æмæ мæм хъыг фæкаст, мæнмæ нæ, фæлæ хъазæнмæ кæй бацыд, уый, æмæ мæ бафæндыд йæ 36
амбæхсын, фæлæ мæм тæригъæд фæкаст сывæллоны фæсайын. Систон æй мæхимæ æмæ йæ мæ фарсмæ æрбадын кодтон. Хъа- зæн йæ къухмæ райста, йæ тымбыл цæстытæй та мæм скаст, диванæй æрбырыд æмæ иннæ агъуыстмæ азгъордта. Æз ыл фæ- хæцыдтæн, æмæ та тæргайхуызæй йæ сæр æруагъта, афтæмæй мæм йе ’рфгуыты бынæй скаст. — Зиттæ, ахъæбыс-ма мын кæн, — æмæ йæм мæхи æруагътон. Зиттæ дызæрдыг кодта, стæй мæм йæ цæнгтæ айтыгъта, фæлæ сæ мæ хъуырыл атухыны размæ сдзырдта: — Уæдæ ды нанайы дæ гæбойы нал кæндзынæ? 2 Зиттæйæн чингуытæм бавналынæй хуыздæр мацы ратт. Æз хæдзарæй искæдæм ацыдтæн, зæгъгæ, афтæ чингуытæ æвæрæ- ны раз балæууы æмæ сæ иугай исын райдайы. Рафæлдæхтытæ сæ кæны æмæ сæ фæстæмæ бавæры. — Дæ хæрæфырт та дын дæ чингуытæ сбæлвырд кодта, — фæзæгъы мын мæ мад худгæйæ. Уыцы ныхæстæ Зиттæ йæхæдæг дæр фæхъусы. Æнцад мæм йе ’рфгуыты бынæй фæкæсы, æмæ цы зæгъдзынæн, уымæ фæ- хъусы. Зылынджыны хуызæнæй нæ. Æниу йæ цæстæнгасæй раир- тасæн дæр нæ вæййы, æрмæст фембарын — йæ ныхмæ куы сдзу- рин, уæд мын æй нæ ныббарид. Цы зæгъон хъуамæ æз? Зиттæ мæн цæмæйдæрты раивта мæ хæдзары. Æз ардæм æрмæст цыбыр рæстæгмæ æрцæуын. Зиттæ та ма суанг хæдзары зилæнты дæр æххуыс кæны мæ мадæн æмæ, æз истæмæ куы бавналын, уæд сцæйкæуы æмæ, «уый Зиттæ бакæндзæн», зæгъгæ, йæ къæхтæ æрхойы. Афтæ скæугæ йæ куы федтон фыццаг хатт, уæд ыл ныххуд- тæн, æмæ мæм иуцасдæр дисгæнæгау фæкаст: «Цæуыл худы цымæ, мæнæн нана афтæ куы фæзæгъы, уый Зиттæ бакæндзæн, зæгъгæ, уæд?» — фæлæ йын-иу уыйфæстæ æз дæр загътон. — Уый Зиттæ йæхæдæг бакæндзæн. Иубон кæцæйдæр нæхимæ куыд æрбацæйцыдтæн, афтæ бал- къоны Зиттæйы ауыдтон. Йæ къухы уыд чиныг, æмæ мæн куы федта, уæд йæ сæр фæгуыбыр кодта, сыстад æмæ агъуысты фæмидæг ис. Чиныг йæ бынаты нæма бавæрдта — æгæр æнгом уыдысты, æмæ йæ бавæрын æнцон нæ уыд — афтæ æз агъуыстмæ бахыз- тæн. Зиттæ ма цы акодтаид, уый нал зыдта æмæ мæм сдзырдта: — Чиныг... Бæрæг уыд, загъд æм куы кæнон, уымæй тарст, уый. Мæн нæ фæндыд, тæрсгæ мæ кæна, уый, æмæ йæ разы æрбадтæн. 37
Мæ хъæбысы йæ æрбакодтон, йæ дæллагхъуыр ын мæ къух æрба- вæрдтон æмæ йæ мæхимæ скæсын кодтон. Мæ къухы стыр æнгуылдз æндзæвд йæ былтыл, хъуыста, йемæ куыд дзырдтон, уымæ, стæй йæ цæстытæ сарæзта мæ къухмæ, цыма йæ мæ армыл цæстæнгасæй æндзæвын фæндыд, уыйау. Æхсызгон ын уыд мæ къухыл йæхи рæвдауын, фæлæ, æвæц- цæгæн, нæ уæндыд æмæ мын ме ’нгуылдзтæ йæ гыццыл къухæй иугай иста. Афтæ мын æмбарын кодта йæ хæлардзинад. 1963 аз «БЫБАДАРДАЦЫД» Æнхъæлмæ кæсынц æртæ сабийы, ме ’ртæ хæрæфырты: Римæ, Мурат æмæ Æхсар. Хистæрты арæх бафæрсынц: — Мах фæндырмæ куы ’вналæм, уæд нæм Быба загьд кæндзæн? — Мах фыдуаг куы кæнæм, уæд Быба нал æрцæудзæн? Цыдæр хабар æрцыд, фæлæ цы, уый сабитæ æххæстæй не ’мба- рынц. Быба кæй хонынц, уый сæ мадыфыд у, фæлæ йæ ныр дзæв- гар рæстæг нал уынынц. Мад та арæх вæййы æнкъард, фæкæуы, æмæ ахæм рæстæг Быба сæ зæрдыл æрлæууы. Æмбарынц, Быба кæдæмдæр кæй ацыд, хистæртæ уый тыххæй кæй сты æнкъард, æмæ бафæрсынц: — Быба кæд æрцæудзæн? — Махæн та гагатæ æрæрвитдзæн?.. Бирæ вæййынц сæ фæрстытæ. Сæ хистæр Римæ у, фæлæ йын уый маст æмæ фыдæбоны хос йеддæмæ ницы у. Йæ кæстæр æфсымæртæ исты фыдуаг ми куы акæнынц, уæддæр сæ мад Римæмæ фæзагъд кæны. Æмæ цы ба- кæна Римæ?! Æмбары: хистæрæн æнцон нæу. Йе ’фсымæрты хистæр Муратимæ сывæллæтты цæхæрадонмæ цæуы. Æмæ уырдæм цæугæйæ Мурат фæкалди, зæгъгæ, уæддæр аххос Римæмæ фæхауы: «Цæмæн фæкалд? Йæ къухыл ын цæуыл- нæ хæцыдтæ?» — фæзагъд æм кæны мад. Дыккаг æфсымæр Æхсар сывæллæтты цæхæрадонмæ нæма цæуы. Бон-изæрмæ хæдзары хъазы. Йæ мадæй иучысыл дæр айрох, зæгъгæ, уæд уынгмæ раирвæзы, æмæ йе ’мбæлттæй чи фæдзæгъæл, ахæм лæппын бабызау уынджы астæуты араст вæййы. Мад æй куы фæхъуыды кæны, уæд æрбатыхсы æмæ, раздæр хæдзары къуымты, кæрты, стæй уынджы балæууы йæ агурæг. Уæдмæ Æхсар дзæвгар адард вæййы æмæ фылдæр хатт иннæ уынджы тигъыл ныллæууы, цыма, дарддæр та кæдæм цы- 38
дæуа, ууыл фæхъуыды кæны, æмæ йæ мад куы ауыны, уæд йæ фæдыл азгъоры. Æхсармæ бирæ алыхуызон хъазæнтæ ис, фæлæ дзы уыдон ферох вæййынц. Стæй сæ фæлмæцгæ дæр скæны æмæ уæд зæр- диагдæрæй фæхъазы гыццыл бандæттæй æмæ æфсæйнаджы гæ- бæзтæй — иуныхасæй, цæуыл фæхæст уа, уыдæттæй. Римæ æмæ Мурат куы ’рбацæуынц, уæд сцин кæны. Искуы-иу хатт изæрæй сывæллæтты цæхæрадонмæ мад Æхсары дæр йемæ акæны, Римæ æмæ Муратмæ куы фæцæуы, уæд. Сывæл- лæттæй йæ бирæтæ базыдтой æмæ йæм дардæй йæ номæй фæхъæр кæнынц. Æхсар дæр сæ размæ худгæйæ атæхы, фæлæ сæм нæ ба- хæццæ уыдзæн, афтæмæй хъазæнтæй йæ цæст цы ацахсы, — гыццыл хъæдын хæдзар, дыууæйæ бадæн бæлæгь, — уыдоны ’рдæм фездæ- хы. Фæцин кæны, сæхимæ йын цы нæй, уыцы ирхæфсæнтыл. Æмæ йæм уæд сывæллæттæ сæхæдæг æрбатæхынц, фæлæ уый цымыдис цас нæу, уыйбæрц дæр дисгæнæг свæййы йæ ног хъазæнтыл æмæ никæмæуал фæкæсы, фезгьоры иу ранæй иннæ ранмæ. Римæ æмæ Мурат сæ мады размæ æрбацæуынц, уæддæр ма Æхсар йæ хъазт нæ ныууадзы. Нал æмæ нал фæцæуы, цалынмæ йæ тыххæй ракæнынц, æмæ кæуын райдайы, уæдмæ. Бирæ зарджытæ сын фæцамыдта Быба. Фæстаг æхсæв дæр ма семæ куы бадти, уæддæр ныссабыр сты æмæ хъуыстой, йæ ныхæстæ дзæбæх кæмæн не ’мбæрстой, уыцы зарæгмæ. — Радзур-ма нын ды дæр исты, — балæгъстæ мын кæны Римæ, æмæ сын æз дæр уæд чиныджы фæкæсын. — «Бирæгъ æмæ зыгъарæг» нын радзур, — загъта мын Римæ, — махæн Быба фæстаг хатт уыцы зарæг кодта. Римæ мæ иу фарс бады, Мурат — ме ’ннæ фарс. Сабыргай дзурын райдыдтон: «Æ, бын бауай, цъæх бирæгъ...» — Быба... — æваст æнкъардæй загъта Римæ æмæ æз бамбæр- стон, мæ аргъæуттæ, мæ ныхас сын сæ зæрдæтæ, Быбайы ныха- сау, нæ агайынц, æмæ йæ æрымысыдысты. — Быба ацыд... — Фездæхт æм гыццыл Æхсар æмæ схылд диванмæ, нæ дыууæ Римæйы астæумæ. Римæ йыл ахæцыд, не ’хсæнмæ йæ нæ уагъта. — Быба куы ’рцæуа, уæд дæ, фæлæуу, фæнæмдзæн, — скуыдта Æхсар. — Æццæй, Быба тагъд æрцæудзæн? — мæ дыс мын айвæзта Мурат. Æнхъæлмæ кæсынц алы бон дæр сабитæ... Фæуазалтæ кодта, æруарыд мит, фæлæ Быба нæма зыны. — Дард ацыд, — зæгъы гыццыл Æхсар, цыма йæ æрмæстдæр уый зоны. 1967 аз 39
ÆВЗÆНДАГ Ныр цалдæр сахаты мæ фыдимæ цæуæм рæгътыл Куырттаты комы, Къорамæ. Фыййагдоны фæйнæфарс хъæутæ-хъæутæ цæ- рынц ам рагæй-æрæгмæ комы адæм. Схызтыстæм рæгътæм. Хур судзы, цыма йæ тынтæ æрмæстдæр ацы коммæ арæзт сты, уыйау. Мæ фыд йæ къухтæ иу иннæйыл сæвæрдта йæ астæухъæдыл æмæ цæуы мæ разæй. Æнтæфæй-æнтæфдæр кæны, æмæ тæрсын, куы æрлæууа æмæ мæм, цæмæн мæ рацæуын кодтай, зæгьгæ, куы сзагьд кæна, уымæй. Æз æй баййардтон, Къорамæ, нæ фыдæлтæ кæм цардысты, уырдæм ссæуæм, стæй мын кæддæр цы таурæгъ ракодтай — «Æвзæндаджы дур» — уый дæр фенæм, зæгъгæ. Хæхты бирæ таурæгътæ ис, æмæ, ам рагæй нырмæ чи цæры, уыдонмæ хъусгæйæ адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма Бакъоты кæнæ Хъæриуы хохы сæрмæ цы тызмæг мигъ æрцæйцæуы, уымæй йæм фыдæлты æндæргтæ зынынц. Дыууæ Къорайы сæрмæ «Æвзæндаджы дур» кæй хонынц, уым цардис Къорайы цæрджыты дзуар Æвзæндаг. Адæммæ цыд зæронд лæджы хуызы, æххуыс сын кодта. Фæдисы хъæр-иу куы фæцыд, уæд-иу цæргæсы хуызы ратахт, «чердæм фæдис», зæгъгæ. Хъуыстой уыцы хабар дард, æндæр рæтты дæр, æмæ иу æлдар загъта: «Цалынмæ уыцы хъуыддаг мæхи цæстæй фенон, уæдмæ мæ нæ бауырндзæн». Æмæ сфæнд кодта Къорамæ фæцæуын. Сбадт йæ бæхыл æмæ Ирыстонмæ араст. Бацыд Куырттаты комы. Ссыд Къорамæ. Æвзæндагмæ ма уыд ахæм миниуæг дæр: иуырдæм цæугæйæ уазæгæн фысым загътаид. Фæстæмæ-иу йæ рæзты дыккаг цыд куы ракодта, уæд-иу ын «мидæмæ» нал загъта. Æлдар дзуары рæзты йæ бæхыл æрбацыд, æмæ уайтагъддæр урсзачъе зæронд къæсæрмæ рахызт æмæ фæндаггонæн фысым загъта. Хорз æй суазæг кодта. Æлдар Æвзæндагæй куы ацыд, уæд кæмдæр уæлвæзы фæхуыс- сыд æмæ та ногæй æрцыд дзуары рæзты, фæлæ йæм Æвзæндаг нал ракаст. Иу рагъмæ схæццæ æлдар æмæ уырдыгæй ныхъхъæр кодта: «Фæдис!» Æвзæндаг «чердæм фæдис», зæгъгæ, цæргæсы хуызы ратахт. Диссаг куыд нæ фæкастаид уый æлдармæ, фæлæ загъта: «Кæй чердæм фæнды, уыцырдæм. Мæн цы фенын фæндыд, уый фед- тон». Æмæ йæ бæх æрцавта... Æвзæндаг смæсты ис. «Гъæтт, Æвзæндаг, де ’ххуыс кæмæн не ’вгъау кæныс, уыдон 40
дæ хынджылæг кæнын куы райдыдтой!» Йæ фæдыл дуар ныг- гуыпп кодта æмæ цæргæсы хуызы атахт... Бирæ рæстæг рацыд уæдæй нырмæ. Йæ хæдзары дуар уæдæй фæстæмæ нал байгом æмæ йæ хонынц «Æвзæндаджы дур». Къахвæндаг кæм айсæфы, уым дарддæр фæцæуæм кæрдæ- гыл. Уæззау къахдзæфтæй разæй цæуы мæ фыд. Уымæн ам алы уæлвæз, алы æрдуз дæр хорз зонгæ у æмæ, адæймаг зæхмæ кæсгæ зонгæ фæндагыл куыд фæцæуы, афтæ цæуы æнцад. Схæццæ стæм дидинæгджын уæлвæзмæ. Ацафон, сæрдыгон — ам арæх вæййынц хуымæтæг лыстæгсыф бур, цъæх æмæ урс дидинджытæ. Уыйбæрц рæсугъд не сты, æмæ сæм къух æрто- нынмæ æрæвнала, фæлæ адæймагæн сæ уынд, хус быдыры йæ сæр чи сдары, ахæм иугай æвзарты фендау æхсызгон у. Сæ уын- дæй адæймаджы зæрдæ барухс вæййы, æмæ йæм уæд, дæлоз цы мигътæ æрбацæуы, уыдон тызмæг нал фæкæсынц. Сихормæ æввахс ирдгæ дымгæ райдыдта æмæ сын уый сæ лыстæг сыфтæ сцырен кодта, атасын сæ кодта рагъы былтыл, цыма сæ æвæндонæй кæдæмдæр фæхæссынмæ хъавыд, уыйау. Афтæ хæссæгау фæкæны уад. Цæуæм нæ фæндагыл. Фалдæр рагъыл кæрæдзийы сæрмæ цы къахвæндæгтæ зынди, уыдонырдæм не ’ргом сарæзтам. Хур нын не уæнгтæ судзы, фæлæ та хохаг ирд дымгæ куы фæлæбу- ры, уæд ын цыма йæ тынтæ иуварс аскъæфы, уыйау нын фенцон вæййы. Стæй та дымгæ куы æрæнцайы, уæд та судзинтау не уæхсчыты сæхи ныссадзынц. Къахвæндæгтæ уыдысты нарæг, æмæ дзы алы къахдзæфæн дæр тас уыд фæцудынæй. Цал æмæ цал рагъы сæрты ахызтыстæм ныр?! Бирæ. Иу рагъмæ-иу куы фæцæйхæццæ кодтам, уæд-иу æнхъæлмæ кастыс- тæм, ныртæккæ рæсугьд æмæ уæрæх быдыр йæхи нæ размæ ай- тындздзæн, зæгъгæ, фæлæ та-иу æндæр рæгьтæ ногæй разындыс- ты, æмæ æгомыг уæвгæйæ адæймаджы сæ фæдыл сайдтой. Нæ алыварс-иу куы æрæмбырд сты, уæд цыма се ’хсæн æнуд кодтон, уыйау мæ фæндыд тагьддæр цæуын æмæ сæ уацарæй фервæзын. * * * Уалынмæ схæццæ стæм Къорамæ. Бæрзонд уæлвæзæй нæм разынд цыргъ тигъ дур. Æз æй дардмæ дæр базыдтон: уый «Æвзæндаджы дур» у. Нарæг фæндагыл æм ссыдыстæм. Йæ алыварс кæрт, къæйтæй ныллæг сис амад. Дуры тигъыл 41
æрцыд цъæх-цъæхид хъуынайы фæд, зынд ыл йæхицæй тардæр тæлм. Уый дæр хуымæтæг тæлм нæу — дуар, дам, у. Æвзæндаг, дам, æй йæ фæдыл куыд ныггуыпп кодта, афтæ- мæй, дам, æнгом æхгæдæй баззад, фæзæгъынц амы цæрджытæ. Мæ фыд йæ худ систа æмæ кæртмæ бахызт. Кæддæр мын мæ фыд цы диссаджы дуры тыххæй дзырдта, уый абон дæр уым лæууыд, уый куы базыдтон, уæд мæ йæ фе- нын тынг фæндыд. Ныр æм дæрддзæф æрлæууыдтæн, мæ бон æм у хæстæг бацæуын, фæлæ йыл бандзæвон, уый мæ нæ фæн- ды — уæд таурæгъ нал уыдзæн. 1967 аз ИЗÆРМИЛТЫ Фыццæгæм маймæ ма баззад цалдæр боны, æмæ Сæниат тых- сти: «Бæрæгбон цы æмбæлы, уыдонæн та исты амал кæндзы- нæн, фæлæ хæдзары æфснаинæгтæн та цы кæнон, чындзытæй куы ничи æрцæуа, уæд?» Уыцы хъуыдытимæ кæртмæ рахызт æмæ кулдуар айтыгъта — фос æрбауагъта: изæрдалынгты сæ дуар- мæ ахизынмæ ныууагьта. Сæниаты лæг Хъасболатæн ма раздæр æндæр бинойнаг уыд, фæлæ йын амард. Баззад ын дзы дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Сæниатæн цот нæ уыд æмæ Хъасболаты сидзæрты йæхæдæг схаста, фæлæ йæхицæн сывæллæттæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сывæллоны зæрдæ бамбарын йæ бон нæ уыд, æмæ дзы фыццаг рæстæг сидзæртæ бирæ æфхæрд зыдтой. Уæлдайдæр та-иу хистæр лæппумæ мæсты кодта. Кæстæртæ Сæниаты йæ цæстæнгасæй дæр æмбæрстой, фæлæ-иу уый æнцад хъазыд, ус æм тызмæгæй разылд, уый цыма уынгæ дæр нæ кодта, уыйау. Уæд-иу æм Сæниат фæзылд, æмæ-иу æй ныххафт ласта. Лæппу-иу фыццаг æнцад каст фыдыусмæ, стæй-иу скуыдта. Иубон та йæ Сæниат фæнадта, фæлæ сывæллон не скуыдта, куы ма йæ ныццæва, уымæй тæрсгæйæ. Цæмæн-иу æй фæнадта, уый-иу не ’мбæрста, æмæ-иу æм æнцад ныккаст. Сылгоймаг та йæм бынтон ууыл мæсты кодта. Уый не ’мбæрста сывæллоны — куы ма йæ фæнæма, уымæй кæй тæрсы, стæй йæ цæмæн нæмы, уый кæй не ’мбары. Фæлæ йæм уыцы хатт исдугмæ джихæй кæсгæйæ баз- зад, стæй йæ æваст йæ хъæбысы фелвæста æмæ йæхæдæг скуыдта. Афтæ фегом йæ риуы, æрмæст сылгоймаджы зæрдæйы чи вæййы, уыцы æнкъарæн: сывæллоны бамбарын æмæ йæ бауарзын. Сывæллæттæ сырæзтысты. Чызг чындзы ацыд. Лæппутæ сæ бинонтимæ цардысты горæты. 42
Хатт адæймагмæ амонд хæстæг æрцæуы, фæлæ йæ йæ райсы- нæн цыдæр бахъыгдары, æмæ йе ’ппæт царды уынаффæтæ дæр аивынц. Хъасболат йæ фыццаг ус Фырдæйы куы æрхаста, уæд дæр ныр цæрдзыстæм зæгъгæ, куыддæр загъта, афтæ дзы амонд йæхи иуварс аппæрста. Фырдæйы амарды фæстæ ус курынмæ нал хъавыд, фæлæ йын мыггаджы хистæртæ уайдзæф кодтой: «Хæдзар æнæ сыл- гоймагæй сæфтмæ цæуы^ Кæдмæ дæм цæудзæн, æндæр мыггагмæ кæй радтай, уыцы хо? Йæ бинонтæй дæр худинаг у». Æмæ уæд ракуырдта Сæниаты. Сæниат æмæ Хъасболат арæх хъуыды кодтой, дарддæр куыд цæрдзысты, ууыл. Лæппутæ горæты æрцардысты, дзырдтой сын: «Ардæм рацæут æмæ цæрæм». Сæниат бафæллад хæдзары бирæ куыстытæй æмæ бацин кодта. Иубон горæтмæ ацыд хистæры хæдзар фенынмæ, фæлæ дзы цал- дæр боны фæцис, æнцад бадынæй ахъыг, æмæ, сæхимæ куы æрцыд, уæд Хъасболатæн загъта: — Нæ-æ, æз горæты цæрынæн ницы бакæндзынæн. е Уæдæй фæстæмæ сæм горæтмæ аивыныл ныхас никуыуал рауад. Иу сабатæй иннæ сабатмæ æнхъæлмæ кастысты, сæ фырттæ æмæ сæ чындзытæй искæй æрцыдмæ. * * * Иуизæр сæм сæ хæрæфырт æрцыд. Хъасболат бадт сыхæг- тимæ дуармæ, æмæ чызджы куы ауыдта, уæд ыл бацин кодта, йæ хъæбысы йæ æрбакодта. Сæниат дæр сæ дзурынмæ рауад. Арвы кæрон лыстæг сырх тæлм æрмынæг. Хуыссыд сындæг- гай. Æрдз дæр сабыр кодта, æмæ бæлвырддæр хъуысыд Фый- йагдоны хъæр. Сæниат сыстад. — Цом мах, Азæ, — загъта чызгæн. Дуар йæ лæдзæгæй ми- дæмæ ассыдта, æмæ хæдзармæ бацыдысты. Сæниат чызджы фарста бинонтæй, сæ цард куыд цæуы, уымæй. Уыйфæстæ скъаппæй карст цæхæрайы сыфтæ æмæ цыхт райста. Сыгом кодта йæ арынг æмæ цæхæраджынтæ кæнынмæ бавнæлдта. Пецы сыгъд арт, æмæ-иу рæстæггай æрдæгсыгъд сугтæ фæ- цудыдтой, æхсидæвтæ-иу æддæмæ ракалдысты. Чъири-иу тебæйы æрæвæрынмæ куы ацæттæ кодта, уæд-иу Азæйы раз йæ лæдзæджы æнцой алæууыд, афтæмæй йемæ ныхас кодта. «Хæринаг рагæй дæр гыццыл кæнын нæ зоны, — ахъуыды кодта Азæ, ус чъири куы райста æмæ йæ иннæтыл куы æрæвæр- 43
дта, уæд. — Цыма йæм ныртæккæ йæ бинонтæ къордæй æрбацæу- дзысты». Изæрдалынгты фос куы бафснайынц, уæд Хъасболат æрбады къæсæрыл, Сæниат та хæринаг кæнынмæ ацæуы. Исты фæкæ- сын æй куы бахъæуы, уæд Хъасболатмæ радзуры: «Уæртæ лæг!» Сæниат сахуыр стыр бинонтæм æнхъæлмæ кæсын. Æмæ ныр, фæсивæдæй хæдзары куы ничиуал баззад, уæд дæр фыц- цагау изæрыгæтты фенхъæлмæ кæсы, цыма лæппутæй исчи æрбацæудзæн. Фæлæ уыдон иу сабат æрцæуынц, стæй та, цыма æнæбары хæсæй фервæзтысты, уыйау мæй, дыууæ мæйы нал фæзынынц. Сæниат та сæм æнхъæлмæ фæкæсы, æмæ хæдзары хорзæй цы вæййы, уый уыдоны æрцыдмæ бавæры. Сæниатæн æнцон уыд, æви зын, уæддæр йæ хъуыддæгты фаг уыд, никæй æххуыс æй хъуыд, фæлæ йæм адæймаг йæхæдæг куы æрбалæууид, уый-иу æй фæндыд. * * # Райсомæй иууылдæр раджы сыстадысты. — Æз дын гæрстæ ахсдзынæн, — загъта Азæ, Сæниатæн бирæ куыстытæ ис, уый куы федта, уæд. Сæниатмæ зын каст чызджы йæ куыстытыл бафтауын, кæд æй æххуыс тынг хъуыд, уæддæр — иунæг бонмæ сæм æрцыд, фæлæ уæлдай ницыуал загъта. Сæниат æрлæууыд хæдзары къæсæрыл æмæ каст, Азæйы къухтæ сапоны фынчы куыд змæлыдысты, йæ тыхыл æнауæрд- гæйæ рæвдз куыд æвнæлдта, уымæ, æмæ цыма йæ мондæгтæ иста, йæхи бон, куыд æй фæндыд, афтæ кæуыл нæ цыд, уыцы куыстытæй. Йæхи бон кæуыл нæ цыд, уыцы куыстытæ-иу йæхинымæр, хæдзары чындзытæ куы фæзына, уæдмæ æвæрдта Сæниат, фæлæ... Чындзытæ æрцыдысты æмæ ацыдысты сæхи цард ара- зынмæ. Алчидæр сæ арт æндзары хицæн артдзæсты. Афтæ цæуы цард... Куыстытæ суанг изæрмæ ахæццæ сты. Изæрмилты та арвы кæрон лыстæг сырх тæлм мынæг кодта. Хуыссыд сындæггай. Æрдз дæр фæсабыр æмæ та бæлвырддæр хъуысыд Фыййагдоны хъæр, йæ уылæнты сæр-сæр. Сæниат йæхинымæр нымадта, иннæ сабатмæ ма цал боны баз- зад, уый... 1974 аз 44
СЫХÆГГÆ Хорз сыхæгтæ ис Темырби æмæ Меретханæн. Уæвгæ, цы у адæймаджы цард æнæ сыхаг! Адæймаг йе ’фсымæр, йæ хойы иудадзыг нæ уыны, мыййаг. Исты йыл æрцыд, уæддæр фыццаг- дæр йæ сыхаджы дуар бахойдзæн. Ныртæккæ кæм цæрынц, уыцы хæдзар куы æлхæдтой, уæд- дæр сын, сыхаг та чи уыдзæн, Меретхан æмæ Темырбийы хъын- цъым фыццагдæр ууыл уыдис, æмæ куы æрбаивтой, уæд сæхæ- дæг сæхи сбæрæг кодтой... Цæвиттон, сæ ног хæдзары быру аразинаг уыдысты, æмæ Темырби æнæхъæн машинæйы дзаг фæйнæг æрбаласта. Аразы- нæн чи бæззыдис, ахæм фæйнæг дзы уыйбæрц нæ уыд, суг дзы цас æрæвзæрд. Æмæ ууыл нæ батыхстысты лæг æмæ ус, ног сыхмæ куы ’рцыдысты, уæд. Иу аг сæ бæгæны сфыцын уæддæр хъуыд. Хъуамæ сæ ног сыхимæ иумæ абадой. Мæ фыдгулы та ма хъуыды дæр мачи ’ркæна. Машинæ кæртмæ куы ’рбатылд, Темырби йæ сæрмæ куы схызт æмæ фæйнæджытæ дæлæмæ калын куы райдыдта, уæд æм фыц- цагдæр, йæ фарсмæ чи цæры, уыдоны лæг^зауад. Рæстæмбис кары лæг. Саухил. Салам радта Меретханæн. Иæ къух ын райста, сæ хæдзарыл сын йæ цæст ахаста, цыма йæ фыццаг хатт федта, уыйау, æмæ сын арфæ ракодта. Стæй Темырбимæ уæлæмæ схызт. Уымæн дæр йæ къух райста æмæ йæ фарсмæ кусыныл æрлæууыд. Уыйфæстæ та сæм се ’ннæ сыхаг æрбацыд... Сæ дыууæ дæр Темырбийæ кæстæртæ, фæлæ лымæндзинад кæстæр æмæ хистæ- ры сæрыл нæу. Цæрын чи зоны, уый хистæрæн дæр бæззы æмæ кæстæрæн дæр. Темырбийы ахизын кодтой зæхмæ æмæ сæхæ- дæг куыстмæ февнæлдтой. Кæцæй æрбалыгъдысты, уым Темырби æмæ Меретханæн иу сыхаг уыдис. Цалдæр азы фæцардысты иу ран. Лæджы, мæгуыр, бæргæ фæндыд адæмимæ цæрын, фæлæ сæ фырт — адæмы ’хсæн хъæддаг сырд, адæммæ йæ æмгæрон нæ уагъта. Лæг-иу искуы фынгыл куы бадт, уæд-иу хъуыды кодта, уæдæ ацы адæм мæ хæдзары дæр куы абадиккой, зæгъгæ, фæлæ фыртæй чи уæндыд? Куыйты хæринаг æй куыд бакодтаид, афтæ? Æдзæт- тæйæ уазæджы хæдзармæ бакæнын та зын у. Æфсинæн дæр къæм- дзæстыджы хос. Æмæ-иу ныхъхъус, цыма ницы æмбары,. уыйау. Хъуыддаг, хорз бахæр æмæ бануаз, ууыл нæу. Нозтæй дæ сæр дæ фат мауал æмбар, уый хъуыддаг у? Фæлæ ныхас ууыл цæуы, æмæ адæмимæ иумæ абадын ницы кæны. Бакæс, байхъус сæм. Адæймаг цы у, уый куысты æмæ ныхасы рабæрæг вæййы. 45
Иу сыхаг ма уыд ноджыдæр Темырби æмæ Меретханæн, Асæ- бе, зæгъгæ. Абон дæр ма сæ зæрдыл æрлæууы. Царды хостæ сын, мыййаг, нæ сарæзта, фæлæ... Кæм ис, уым ыл цард уалдзы- гон дидинджытау тыхсæд. Иухатт Меретханы цæгатæй сонт хабар ссыд. Меретханы æфсымæр, дам, уæззау рынчын у. Лæг æмæ ус фæдисы цæ- уынмæ бæргæ арæвдз сты, фæлæ сæ зæрдæ хæдзармæ æхсайдта. Фос чи бафснайдзæн. Сæ иунæг чызг ма уæд гыццыл уыдис, æртыккаг къласмæ цыд, уый дæр хъуамæ иунæгæй куыд ныу- уагътаиккой? Асæбе æмæ сæ йе ’фсин сдзурын дæр не суагътой. Уанцон нæу. Асæбе æхсæвы гыццыл чызджы сæхимæ барвыста, йæхæдæг та Темырбитæм схуыссыд. Æмбисæхсæвмæ йæ цырагъ нæ ахуыс- сын кодта. Чиныджы фæкаст. Райсомæй раджы та фос уынгмæ рауагъта æмæ сæ сæхи фосимæ хъоммæ аскъæрдта. Цыд рæстæг. Хистæртæ зæронд кæнынц, гыццылтæ стыр. Темырби æмæ Меретханы чызг дæр байрæзт. Чындздзон чызг сси. Æмæ йæ чындзы куы æрвыстой, уæд кæрты сæхицæй йæ сыхæгты астæу цы дуар ис, уый бакодтой, æмæ иу хæдзары куыд архайдтой, иннæйы дæр — афтæ. Иу хæдзары кæрты хъазт стынг ис, иннæйы та — дæргъæй-дæргъмæ фынгтыл сидтытæ цыдис. Иу хæдзары чъиритæ фыхтой, иннæйы та уазæг устытæ бадтысты. Темырбийы хæдзары йæ хæстæгдæр сыхаг Гагийæ хиондæрхуыз ничи уыд, æмæ йæ хæстæджытæй чи нæ зыдта, уый-иу æй аивæй афарста: — Уæртæ абондæргъы чи лæггад кæны, уыцы къæсхуыртæ- арæзт лæг та уын чи у? Меретхан-иу æй, цыма йе ’мдзуарджын у, афтæ буцæй бацамыдта: — Уый, мæ хур, нæ хуыздæр сыхаг Гаги у. Æмæ-иу ын хионтæ дæр арфæтæ фæкодтой: — Не ’фсымæримæ æфсымæры цард кæныс, æмæ дæ амонд тыхджын уæд! Хорз сыхæгтæ ис Темырби æмæ Меретханæн, фæлæ адæйма- гæн йæхицæй аразгæ дæр у, лымæнæй цæра æви нæ, уый. Ме- ретханæн йæ сыхаг устытæй исчи фæрынчын, уæд йæ цуры æнæ абадгæ нæу. Æмæ йын, мыййаг, цы феххуыс вæййы, фæлæ рын- чын химæ хъусаг у, æмæ йын искæй æрбауад йæ низ фæрогдæр кæны, ныфсытæ йын авæры. Сæрдыгон хъарм изæры фæстæ уымæл йæхи зæххыл куы æруадзы, уæд дæр сыхæгты сæ къах мидæмæ нал фæхæссы, æмæ ^сывæллæтты радыгай сæ хъарм кæлмæрзæнтæм æрвитын байдайынц. 1968 аз 46
ÆМБИСÆХСÆВ Сыхы мидæг кусарт акæнын бахъуыд, уæд иууылдæр Дзам- болатмæ дзурынц. Уæнгджынтæ лæг у, æмæ йын иууылдæр, æвæц- цæгæн, уымæ кæсынц. Ныр ыл æртиссæдз азы цæуы, ууыл дæр уымæн ничи ахъуыды кæны. Адæймаджы къух ацаразын, йæ фарсмæ балæууын, уымæй ничи амбулдзæн Дзамболаты. Бæрæг- бон йæхи кусæрттаг сихормæ баззайы. Бинонтæ стыхсынц: зын у æфсинæн, цафонмæ æмбæлы, уымæй фæстæдæр куы сцæттæ вæййы бæрæгбойнаг, уæд. Хуынд адæмæн нæ радзурдзæн, мый- йаг, цалынмæ нæ лæг равдæлдис, уæдмæ мах та нæ къухтæ нæ дæлæрмтты дардтам, зæгъгæ. Уалынмæ фæзыны Дзамболат. Къæмдзæстыг мидбылхудт уром- гæйæ йæхи архайæг скæны. Йе ’фсин æмбары — раст кæны йæ мой. Кæд æм мæсты свæййы, уæддæр дзы разы у. Уæдæ чи акæна кусарт сæ зæронд сыхæг- тæн, сæ фырттæй сæ разы куы ничи ис. Дзамболат фæллайгæ нæ бакæны, ноджы уæнгрогдæрæй бавналы йæхи кусарт кæнынмæ. Фыс акусарт кæнын цы у, фæлæ стурвос... Дзамболат кæд æргом никуы загъта йæ бинонтæн, куыд зын вæййы кусарт кæнын, уый, уæддæр-иу йæ ныхæстæй рабæрæг. Йæ сæр-иу ныттылдта, къухтæ-иу ныццагьта; «Йæ, ме скæнæг иунæг Хуыцау, кæуылты гал уыд, кæуылты!» Йе ’фсин-иу бакатай кодта: — Дæ хорзæхæй, дæу йеддæмæ кусарт кæнын ничи зоны, æви? Бирæтæ сæ дарæсæн тæрсгæйæ сæ иу къух иннæуыл сæвæ- рынц, ды та дæхиуыл нæ ауæрдыс. Зæронд дæ ныр, æмæ иухатт куы уа, уæд дæ гал нырриуыгъдзæн æмæ уæд...» Лæг-иу æнцад байхъуыста æфсины ныхæстæм, фæлæ-иу ницы сдзырдта... Тыхджын дымгæ дымдта æнæнцойæ. Уынджы цырæгътæ фæ- ныкъул-фæныкъул кодтой йæ футтытæй. Дзамболат æнафонты цыд сæхимæ. Цырæгътæ-иу куы фæмынæг сты, уæд-иу фæндаг дæр айсæфтис, стæй та-иу ногæй фæзындис цæстыты раз. Бонæй æнуд уыдис, æмæ дымгæ кæд сонт футтытæ кодта, уæддæр йæ уазал æхсызгон уыд адæймагæн æмæ дзы нæ тыхстис. Уæззау къахдзæфтæй цыд Дзамболат йæ хæдзармæ. Йæ цæс- тытыл ногæй-ногмæ уадысты боны цаутæ. Йе ’фсымæры лæп- пуйæн чындзæхсæв скодтой. Райсомæй куы сыстад, уæд æнæфæразгæ уыд æмæ йын кæд æнцад бадын не ’мбæлдис йе ’фсымæры хæдзары, уæддæр йæхи- 47
цæн загъта: «Ницæмæ бавналдзынæн, уазджытæм фæкæсынæй дарддæр», фæлæ йæм лæгтæ лæгъстæгæнæгау куы сдзырдтой, дæ хорзæхæй, кусарт акæн, Дзамболат, зæгъгæ, уæд уæлдай ни- цыуал загъта. Иæхи фæфистæгцонг кодта. Сылгоймæгтæй йыл чидæр даргъ куатæ акодта, фæсте йын йæ бæттæнтæ абаста. Гал йæ разы цæххы тæбæгъмæ басмыста. Æнæбары тæбæгъы былтæ йе ’взагæй асдæрдта æмæ иуварс азылд. Лæгтæ акуывтой, стæй галмæ бацыдысты. Дзамболат ын йæ хъуыр асæрфта, æмæ гал йæ сæр размæ аивæзта. Лæджы къу- хыл йæхи дыууæрдæм ахафта. Фосы хъуыддæгтæ хорз æмбæрста Дзамболат. Хохы цæр-" гæйæ фос дардтой, æмæ йæ сабидуг уыдонимæ арвыста. Ныхъ- хъуыста-иу зымты къуыззитгæнаг уастмæ æмæ сæ йæхæдæг дæр хорз фæзмыдта. Кусарт кæнгæйæ дæр, цыма йыл аудгæ кодта, уыйау фосы æнæбарæвдаугæ нæ уыд йæ ныхасæй, æмæ ныр тæригъæд фæ- каст Дзамболатмæ, галы сайгæ кæй кодта йæ рæвдыдæй, уый, æмæ йæ къух айста. — Цырд лæуут, — загъта Дзамболат æмæ галы сыкъатæм бавнæлдта... Æвиппайды йе уæнгтæ адон сты æмæ æппæт буа- рыл дæр цыдæр лæмæгъдзинад ахæлиу. «Райсомæй æнæфæразгæ кæй уыдтæн, уый тыххæй уа?» — ахъуыды кодта йæхинымæр. Йæ цæст нæ цух кодта æмбæлттæй. Гал фезмæлыд. «Йарæ- би!..»^— тыхст йæхимидæг Дзамболат, фæлæ дзурын пайда нæ уыд. Йæ хъаруйæ йæ ныфс нал хаста, æмæ цæнгтыл йæхи уæз дæр æруагъта... Ныр фæндагыл цæугæйæ, уыцы нывтæ йæ цæстытыл уадыс- ты. Тынг бафæллад æмæ не ’мбæрста, йе уæнгтæ ма афтæ лæ- мæгъ сты æви нæ, уый, фæлæ дзы рох нæ фæци. Йæ хъустыл ауадысты, бирæ хатт кæй хъуыста, фæлæ йæм ныры хуызæн чи никуыма бахъардта, йе ’фсины уыцы ныхæстæ: «Зæронд дæ ныр! Иухатт куы уа, уæд...» Фыццаг та сыл бахудынмæ хъавыд ацы ныхæстыл, стæй ахъуыды кодта: — Афтæ, Хуыцауыстæн! Уымæн уыдтæн ахæм лæмæгъ абон райсом дæр... Дымгæ не ’нцади. Дзамболат тигъмæ æрбахæццæ. Йæ хæдза- ры раз бæлæстæ ратас-батас кæнынц. «Уый бæрæг уыд, абон куыд лæмæгъ уыдтæн, уымæй дæр». Загъта та ногæй йæхицæн, кæд ын зын уыдис йе ’дыхдзинадыл басæттын, уæддæр. Адæй- маг уæдæ фæцæры, стæй базæронд вæййы. Фæлæ ма йæм чи фæдзурдзæн æххуысмæ, йæ разы балæу- уынмæ? 1969 аз 48
ФЫСТÆГ «Махар, дæ фыстæджыты-иу мæм бæлвырд фысс алцыдæр, мæнæн уæ алы хъуыддаг зонын дæр æхсызгон у, зæгъгæ, фæ- фыссыс. Иннæ хæттыты мæ нæ февдæлы, тагъд фæкæнын мæ куыстмæ, изæры та фæллад вæййын. Бирæ бинонтимæ адæймагæн цы тухæн ис, уыцы мæт æй ис гыццыл бинонтимæ дæр; хæринаг кæнын, гæрстæ æхсын, æфсна- йын. Бирæ бинонтæй иу æххуысгæнæг уæддæр вæййы, фæлæ мæнæн та алцы дæр мæхимæ кæсы. Фатимæ мын ницыма æх- хуысхъом у. Дукани нæм дард куы нæ у, мыййаг; уырдæм æй куы арвитын, дзул сдав, зæгъгæ, уæддæр тæрхæджы раз лæу- гæйæ баззайы, нæ фæуæнды дуканигæсмæ сдзурын. Кæд ыл сы- хæгтæй исчи сæмбæлы æмæ йын дзул райсы, уæд хорз, науæд æм мæхи цæуын бахъæуы. Æхсæвæры фæстæ фыссæн стъолы раз куы ’рбадын, уæд ма дæм мæ бон æрмæстдæр цалдæр ныхасы ныффыссын бавæййы, — боны цаутæ фæллад хъуыдытимæ сæмхæццæ вæййынц. Ды ам куы уаис, уæд мын афтæ зын нæ уаид, фæлæ дард стæм кæрæдзийæ. Афтæ вæййы иннæ изæрты, фæлæ мæ ахсæв фæнды ныхас кæнын демæ. Фатимæ чысыл раздæр бафынæй йæ гыццыл æфсæйнаг сын- тæджы. Йæ аккаг нал у. Ацы аз, фæззæджы, бацæудзæн фыццаг къласмæ æмæ, æвæццæгæн, йе ’мгæртты сæрты кæсдзæн. Кæ- дæм ивæзы хæрдмæ, нæ зонын. Лæгъстæ мын кæны, мæнæн дæр æнæуи сынтæг балхæн, зæгъгæ. Исты, дам, ма гыццыл дæн. Уæртæ ныртæккæ йæ сынтæджы куы хуыссы, уæддæр мæ фæн- ды йæ размæ бацæуын, мæ былтæ йын йæ фæлмæн бур дзыккутыл авæрын, бæстондæр æй æрбанордын, фæлæ уадз æмæ фынæй кæна. Æддаг агъуысты æрмынæг кодтон радиойы ныхас. Хъуамæ йæ мацы хъыгдара, фынæй кæна æнцад-æнцойæ. Ахсæв мæ тынг фæнды демæ ныхас кæнын, Махар. Уæвгæ, мæ- хинымæр æдзухдæр ныхас кæнын демæ. Изæрыгæтты фæкæсын дæ фыстæджытæ. Мæ зæрдыл сæ æнæ кæсгæйæ дæр бадардтон æмæ сæ фæхъусын фæндагыл цæугæйæ дæр, мæ куысты бадгæйæ дæр. Фатимæмæ сывæллæтты цæхæрадонмæ куы фæцæуын, уæд дæр. Дыууæ адæймаджы уарзондзинад, дам, кæрæдзимæ дард куы вæййынц, уæд рабæрæг вæййы. Мах уарзондзинад гуырысхойаг нал у. Куы баиу стæм, уæдæй фæстæмæ афæдз æххæстæй иумæ никуы фæцардыстæм, афтæмæй нæ чындзæхсæвыл та ныр фа- раст азы рацыд. Дæ сывæллон нæ зоны фыды рæвдыд. Фæца- хуыр дыл вæййы, стæй та куы ацæуыс, уæд мæн баййары, папæ 4 Томайты Мисурхан 49
кæм и, зæгъгæ, стæй та дзы ферох вæййыс. Æз та, цæрæнбонты уарзон чызгау дæ фыстæджытæм æнхъæлмæ кæсын. Уыдонæй бæрæг у, мæт ныл кæныс, уый. Æнцон дын нæу. Куыстæй куы ’рбацæуыс, уæд дæ цæрæнуатæй дæ размæ ничи рауайы. Ничи дын бацин кæны дæ хъуыддæгтыл. Тагьд фæхъарм уыдзæн. Уалдзæг лæгæрды алырдыгæй. Куы ’рбацыдтæн куыстæй, уæд байгом кодтон рудзынг. Æрмæстдæр уалдзæджы цы диссаджы уæлдæф вæййы нæ алыварс, уый цæуы мидæмæ. Змæлын кæны рудзынджы даргъ æмбæрзæнтæ. Мæ фæллад цыдæр фæци. Хъуыды кæнынмæ мæ никуы фев- дæлы, уый тыххæй у, æви цæмæн, уый бæлвырд нæ зонын, фæлæ мæхиуыл, нæ цардыл ныры хуызæн бæлвырд никуыма ахъуыды кодтон. Абон райстаис мæ фыстæг. Цалдæр боны фæстæ та схæццæ уыдзæн дæ дзуапп. Адæймаг цы у, дунейыл цæмæн цæры, ууыл куы нæ фæхъуыды кæны, уæд ын цæрын æнцондæр у, фæлæ мæн нæ хъæуы ахæм цард. Æз ахуыргонд нæ дæн. Фараст къласы каст куы фæдæн, уæд мæ ды ахастай (мæхимæ дæр диссаг кæсы, ацы хабæрттæ мæ сæрмæ цæмæн цæуынц, уый), мæ мад та йæ зæрдæ мæныл дардта. Мæ дыууæ хистæр хойæн сахуыры фадат нæ фæцис. Хæст куы банцад, нæ фыд дзы куы нæуал ссыд, уæд нын цыма уыдæттæ фаг нæ уыдысты, — райдыдта хус рæстæг, æххормаг аз. Адæм сыдæй мæ- лынмæ æрцыдысты. Иу къуыввитт чи уыд, уыдон уайтагьд се ’вæ- рæнтæ ахордтой, бонзонгæ чи уыдис, уыдон æфсæстыл нæ дзырд- той; фæразын хъæуы, зæгъгæ, хъуыддаг ууыл сæвæрдтой, фæлæ уæддæр алкæй æвæрæнтæн дæр кæрон æрцыд. Махмæ дæр, цы бахордтаиккам, уый нал уыд, æмæ нæ мад мах мæты бацыд. Гæды- ныхас дзурын нæ никæй уагъта. Давын нын стыр худинаг хуыдта, фæлæ-иу уæд æвастæй быдырæй нартхæрттæ рахаста. Риуты бын сæ-иу, рæтты, бакодта æмæ салд нартхæртты уазалæй низ ссардта. Мæ дыууæ хистæр хойы куысты ныллæууыдысты, фæлæ-иу мæнæн мæ мад загъта: — Ахуыр кæн, мæ хур! Æстæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд нæ мад амард. Æз скъолайæ куы рацæйцыдтæн, уæд мæ фæндаг базарыл ракодтон. Иугыццыл туаг æхсыр балхæдтон, дзулимæ йæ ба- хæрдзынæн, зæгьгæ. Горæтæй автобус хъуамæ тагъд æрцыдаид æмæ йæ куыд баййафон. Бадгæ дæр не ’ркодтон, афтæмæй хæ- рынмæ бавнæлдтон, цыма мын лæугæйæ тагьддæр бантыстаид. Куыддæр дыууæ хуыппы скодтон, афтæ нæ къæсæрыл сыхæгты устытæй иу æрбалæууыд. Мæ мадмæ тагъд кæнын, уый куы бам- бæрста, уæд афтæ куы бакæнид: — Æмæ дæ мад куы амард. 50
Мæнæн уыцы сонт ныхасæй мæ цæстытæ атартæ сты. Мæ зæрдæ бахъарм... Мæхи куы æрæмбæрстон, уæдмæ мæ алыварс адæм æрбам- бырд сты. Æз хуыссыдтæн, мæ мад рынчынæй мæ хистæр хотæн цы чындздзон хуыссæнтæ фæкодта, уыдоныл. Нæхæдæг кæуыл хуыссыдыстæм, уыцы гобæттæ æмæ хъæц- цултæ дæр афтæ фæлмæн уыдысты. Нæ мад нæ уарзта, хуыссæн- гарз æнæзылд уа, уый, æмæ-иу сæ арæх цагъта мæ хистæр хотимæ, фæлæ мæм уæддæр уæдæй фæлмæндæр никуы фæкастысты. Сыл- гоймæгтæ, мæ мады хабар мын чи адзырдта, уымæ фесты: — Исчи ма афтæ сонтæй дзуры ахæм хабар?! Адæймагæн рынчынæй дохтыры дзæбæх ныхас куыд æхсыз- гон вæййы, афтæ мæнæн дæр уæд æнцон уыд, мæ алыварс цы устытæ æрбамбырд, уыдон ныхас. Чи мын сæ йæ дæрзæг къух хаста дыууæрдæм мæ цонгыл, чи та мын-иу мæ цæстытæ асæрф- та. Кæугæ нæ кодтон, фæлæ мæ зæрдæйы рыстæй мæ цæссыгтæ сæхи æгъдауæй згъордтой. Мæ бон скæуын нæ уыд. Æнцад мæ цæстæнгас хастон сылгоймæгтæй цармæ, царæй, стъолыл æнæ- хæрдæй цы туаг æхсыр æмæ дзулы къæбæр баззад, уыдонмæ. Адæм куыд хорз сты, уый фыццаг хатт уæд бамбæрстон. Уый размæ мæм-иу «мæ-хур»-æй чи сдзырдта, фæлæ сæ дзæбæх ны- хас кæмæн не ’мбæрстон, уыцы сылгоймæгтæ мын уыцы рæстæг тынг зынаргъ систы. Фарæстæм кълас фæдæн. Мах цардыстæм шахтæтæм хæс- тæг, æмæ-иу мæ хистæр хотæм арæх бауадтæн. Иу бон та фæцæйцыдтæн мæ хотæм. Хæхтæй чи æрызгъæлд, ахæм стыр дуртыл бадтис æртæ лæппуйы. Цæуылдæр ныхас код- той. Æз сæ размæ куы бахæццæ дæн, уæд мæнырдæм ракастыс- ты. Стыр чызг дæн, ууыл дæр уымæй размæ никуыма ахъуыды кодтон, фæлæ ныр шахтæты кусæг лæппуты худæндзаст цæс- гæмттæ куы ауыдтон, уæд чындздзон чызгау фефсæрмы дæн. Цæуын дæр нал зыдтон. Уыдонæй иу уыдтæ ды, Махар. Иннæ лæппуты ма-иу уый размæ федтон, фæлæ дæу — никуы. Уæд райдыдтай кусын. Уæдæй фæстæмæ мæ акъахдзæф нал уагътай. Мæ хотæм дæр арæх нал цыдтæн. Ныхасмæ дæм нæ лæууыдтæн, фæлæ мын-иу дæ фенд æхсызгон уыд, уый æмбæрстон. Иубон, изæрдалынгты, кæцæйдæр æрбацæйцыдтæн. Мæхины- мæр дæуыл хъуыды кодтон, Махар, афтæмæй мæ размæ куы фæдæ, уæд мын цыма мæ хъуыдытæ бамбæрстай, афтæ фесхъиудтон. Мæ алыварс цалдæр лæппуйы февзæрдис, мæ цæнгтыл мын фæхæцы- дыстут, фелвæстат мæ æмæ мæ, гыццыл фалдæр цы машинæ лæуу- ыдис, уый фæлмæн бадæнтæй фæстагыл авæрдтат. Чидæр мын фидар хæцыд мæ дзыхыл, ныхъхъæргæнæн мын куыд нæ уа, афтæ. 51
«Цавæр уарзонзинад у уый, адæймаджы ахæм æгады бынаты чи æвæры, уый!» — мæсты кодтон æз. Ницы мæ баурæдтаид. Скъæфт чызгæй цы ныхæстæ фæкæ- нынц, ууыл дæр нæ ахъуыды кодтаин, фæлæ мæ баурæдта дæ къæм- дзæстыг æнгæс, мæ мæстджын ныхасмæ мын кæй ницы дзырдтай æмæ дæхи зылыны бынаты кæй дардтай, уый. Бамбарын мын код- тай, дæу дæр кæй нæ фæндыд дæ амонд тыхæй агурын, уый. Баххуырстам агъуыст æмæ цардыстæм. Уæвгæ дæр нæм ницы уыд, афтид къултæ, фæлæ мах амондимæ хъæды фæцæрын дæр диссаг нæ уыд. Ныртæккæ нæм алцыдæр ис: ног хæдзар, дзаума, фæлæ нын цыдæр нæ фаг кæны. Æнæ уыдон фæцæрæн ис, æнæ кæрæдзийы æмбаргæ та — нæй. Æдæппæтæй ныл цыппар мæйы рацыд. Алы хуыцаубон дæр дæ бинонты бæрæг кодтам. Иу бон та сæм ацыдыстæм. Дæ мад, бинонты хистæр, алы аз дæр йæ фыртты æхца кусынмæ æрвыс- та. Уæд дæр та уыд уæ цæуынафон, сæрд. Мæн нæ фæндыд, ды ацæуай, уый, æмæ сдзырдтон: — Тыхст куы ницæмæй стæм... Æфсин мын мæ ныхас фæлыг кодта: — Ацы хæдзары нырма æз уынаффæ кæнын!.. Уыцы рацу-бацу уыл низау бахæцыд де ’фсымæртимæ, æмæ сæрд ралæууыд, зæгъгæ, уæд та дард балцмæ уæхи æрбарæвдз кæнут, кæд ницы хъуаг стæм, уæддæр. Æз кæд сывæллон уыдтæн, уæддæр хорз хъуыды кæнын фыд- рæстæджытæ. Ныр та?.. Ис алцы дæр, фæлæ сымахæн уæддæр цыдæр нæ фаг кæны. Мæ разы фыццаг хатт куы ацыдтæ дæ балцы, уæд æз дæр шахтæты куысты ныллæууыдтæн, сигналдæттæгæй. Раздæрау æнцонæй нал хызтæн шахтæмæ... Хистæр сылгой- мæгтæ мын дзырдтой: — Дæуæн ам кусынæн нал бæззы. Фæлæ æз уæддæр куыстон. Сабаты-иу ацыдтæн дæ бинон- тæм, истæмæй мыл сæ зæрдæ куы фæхуда, мæ фырт ам нæй æмæ нæ аппæрста, зæгъгæ, куы зæгъа дæ мад, ууыл хъуыды кæнгæйæ. Æфсарм. Хорз дæ, бæргæ, фæлæ бирæ удæнцой исыс дæхи сæраппонд. Æгæр бирæ домыс адæймагæй. Цы йын æрхæс- сыс дæхæдæг та? Æфсарм, хорз дæ, бæргæ... Мæ бон-иу куы нæ уыд, уæддæр-иу дæ сæр хъуыды кæн- гæйæ мæхи фæцырд кодтон. Цыдтæн алы хуыцаубон дæр уæз- зау хæссинæгтимæ. Уыцы хуызæнæй цалдæр хъæуы сæрты ма цу, зæгъгæ, мын никуы ничи загъта бинонтæй. Æз та мæхи æгъда- уæй куыд нал цыдаин? Дохтыртæ мæ мæ куыстæй суæгъд кодтой... 52
* * * Мадæлтæм сæ сывæллæтты куы хастой, уæд æнхъæлмæ кас- тæн æз дæр, мæ разы та кæд æрлæудзысты, зæгъгæ, фæлæ мæ зæрдæ цæмæдæр фехсайдта. Медицинон хо цыдæртæ адзырдта дохтыримæ, стæй дохтыр рацыд. Хо, йæ къухтæ йæ урс халаты дзыппыты, афтæмæй алæу- уыд, цæуылдæр цыма дызæрдыг кодта, уыйау, стæй мæнырдæм фæраст. Афæрстытæ мæ кодта ме ’нæниздзинадæй. Уæддæр цæмæ æнхъæлмæ кастæн, уый кой не скодта. Цы базонын ма мын æй хъуыд? — мард уыд мæ хъæбул. Мæ цæссыг бауромын нал фæ- рæзтон. Æмæ уыцы рæстæг мæ зæрдыл æрлæууыдтæ ды, Ма- хар. Уæды онг дæм мæ зæрдæйы маст никуы равзæрд, фæлæ нæ сывæллоны сæфт дæу аххос уыд, æмæ дын æй ныббарын мæ бон нæ баци. Уый уыд дæ рацу-бацуйы фыдбылыз. Ныр æнафон у, фæлæ мæнæн хъуыдытæй мæ хуыссæг фæ- лыгъд. Фатимæ базмæлыд йæхимидæг. Иуварс аппæрста йæ хъæц- цул. Æнтæф ын у. Æз æрæвæрдтон мæ фыссæнгарз æмæ йæм сцæйстадтæн, фæлæ та уый иннæрдæм азылд, йæхи æрбатыхта фæстæмæ. Цыма мæн мæстæймары. Фыссын дарддæр... Мæнæ дæ фыстæджытæ, мæ иунæг цин. «Зифи, мæн фæнды, хъуаг куы ницæмæй уаис, уый. Дæ си- дзæры бонтæ дын хъуамæ ферох кæнын кæнон», — ацахстой сæ иуы мæ цæстытæ. Цæмæй зоныс, мæ сидзæры бонтæ мын рог нæ, фæлæ мæ зæрдæйыл æрлæууын кодтай, уый. Маст дын никуы радзырдтон. Мæнæн зын цы у, ууыл иннæ мауал батыхса, афтæ мæ фæндыд æдзухдæр. Мæ цæсгомыл нæ фæзыны ме ’нкъарддзи- над, уымæн мын никуы раиртæстай цæссыгты фæд мæ цæсгомыл. Сывæллоны хабар дæм куы ныффыстон, уæд схæццæ дæ. Афæдз æххæст нæ, уый фæдæ нæхимæ, стæй та ацыдтæ. Дæ ацыдæй нæм цалдæр мæйы фæстæ де ’мбæлттæ ныффыстой, кæмдæр хыл уыд, æмæ дæу дæр æрцахстой, зæгъгæ. Загъдкъахæнтæй дæм мæ зæрдæ никуы фехсайдта, фæлæ куыд нæ баууæндыдаин де ’мбæлттыл. Хыл- гæнджытимæ кæй уыдтæ, уымæ гæсгæ тæрхон скодтой дæуæн дæр. Æз тыхстмæ æрцыдтæн, фæлæ мæ æппындæр ницæй мæт уыдис, ды ма куы суæгъд уаис, æндæр. Мæхицæн загьтон: куы ма ’рцæуид, уæд æй никæдæмуал ауадзин. Райгуырд Фатимæ. Цыппар мæйы йыл рацыд. Иу бон дын горæтæй цыдæртæ арвыстон. Сæ æрвитинаг, цæйбæрц æнхъæлдтон, уымæй фыл- дæр бахъуыд æмæ мын фæстæмæ, хъæумæ ацæуынæн æхца нал сфаг. Ныр сывæллон дæр мæ хъæбысы. Автобусы раз æрлæу- уыдтæн, фæлæ мæ цæсгом мидæмæ бахизын нæ хъæцыд — æхца 53
мæм нæ уыд æмæ куыд бахызтаин! Хæрзаг мачи зæгъа: «Уый дын æхцакусæджы ус, гъе». Бирæ æхца сласыс, фæлæ уайтагъд аивылынц. Кæд сæ нæ амон- ды аргъæй кусыс, уæддæр цæсты нæ ахадынц. Æз фæсауæрц кæ- нын зонын, фæлæ уыдоныл никуы ауæрстон, æнæуынон мын сты. Автобус адæмæй байдзаг, афтæ мæ шофыр, карджын бæз- джынрихи лæг, фæхъуыды кодта. — Æмæ ды цæуылнæ бадыс? Æхца дæм нæй? — уый йæ зæр- дæйæ хъазгæ кодта, фæлæ мын мæ катай мæ цæсгомыл бакаст. — Сбад. Ма тыхс, — загъта шофыр. Автобусы чи бадт, уыдонæй мæм чидæртæ цымыдисæй касты- сты: фæндаггаджы фаг æхца куыд нæ уа хъуамæ адæймагмæ! Чи- дæр мын фестад, йæ бынат мын радта. Куы ’рбадтæн æмæ сывæл- лоны мæ хъæбысы куы æрæвæрдтон, уæд мæ цæнгтæ сулæфыды- сты. Мæ алыварс чи уыдис, уыдонæй æфсæрмы кодтон æмæ сын радзырдтон, мæ фæстаг æхца цæуыл схардз кодтон, уый. Адæмы хорз сты, уый та бамбæрстон, æмæ фæхъæлдзæгдæр дæн. Цы у адæймаджы цард, исчи йыл куы нæ батыхса, искæ- уыл куы нæ бамæт кæна, уæд! Никæйуал зæрдæ мыл худт, уый бамбæрстон. * * * Ахæстонæй куы рацыдтæ, Махар, уæд нæ хæдзар ауæй кодтам æмæ дыууæ азмæ горæты хæдзар скодтам. Зын нын ницы уыд кæ- рæдзийы ныфсæй, фæлæ, дам, адæймаг цæуыл фæцахуыр уа, уый ныууадзын йæ бон нал вæййы. Раст нæу уый, фæлæ ды цы сахуыр дæ, уый ныууадзын дæ бон æцæг нал у: ацыдтæ та æхца кусынмæ. Алцæмæн дæр вæййы кæрон, æмæ абон мæ цардмæ куы акас- тæн фæстæмæ, уæд бамбæрстон, дарддæр нын афтæ цæрæн нал ис. Ам мæнæн мæ сывæллонæй зынаргъдæр ницы ис. Хъуамæ йæ сисон мæ хъæбысмæ æмæ ацæуон дæ хæдзарæй. Абон райстаис мæ фыстæг. Тынг аивтой мæ хъуыдытæ, уыцы фыстæг куы фыстон, уæдæй нырмæ. Иннæ хæттытау та ныр дæр бакастаис мæ фыстæджы кæрон: «Æнхъæлмæ кæсдзынæн... Ма базивæг кæн дзуапп раттынмæ». Фæлæ æгъгъæд у ныр. Дæ фыстæг мах ам хъуамæ мауал сæййафа. « Зифи». Зифи райсомæй куы райхъал, уæд фæкомкоммæ, стъолыл цы фыстæг ныууагъта, уымæ. Цыма йе уæхскæй уæззау уаргъ æри- ста^афтæ йæм фæкаст. Райста йæ йæ къухмæ, фæкаст æм, стæй йæ цыппар дыдагъы æрбакодта, йæ уырзтæ йыл рахаста æмæ йæ... аскъуыдта. 1969 аз 54
СЫГЪДÆГ ДОНЫ ’РТÆХТÆ Мæ рахиз къухы æнгуылдзыл ма, абон дæр хорз чи зыны, ахæм нос и. Бæрæг у, кардæй лыг уыд, уый. Фæд баззад æмæ йæм исчи куы фæкомкоммæ вæййы æмæ мæ куы бафæрсы, цы кодта, уымæй, уæд та мæ зæрдыл æрлæууы, куыд мын алыг и, уый. Цæвиттон, уыцы райсом мæ мад æмæ мæ фыд горæтмæ цы- дысты. Æз хъуамæ хæдзаргæс баззадаин æмæ мын фæдзæхстой: «Хæдзар иунæгæй ма ныууадз», «Бафснай иу...» Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ æз та рахиз къухы æнгуылдз иннæ æнгуылдз- тæй æрбалхъывтон; кардæй мын фæлыг, æмæ йæ мачи фена, зæгьгæ йæ бамбæхстон. Уынгæ йæ мачи фæкæнæд, æндæр ын, куы ацæуой, уæд исты хос кæндзынæн. Æз нæ уарзтон хи буц кæнын, æмæ йæхи чи буц кæны, ахæм сывæллæттæй ме сæфт уыдтон. Уый тыххæй ма мæм мæ мады хойы чызг Ирæ дæр тигъмæ акаст. Сывæллæттимæ иу хъазыдаид, афтæмæй-иу мæн федта, зæгъ- гæ, уæд-иу йæхи къулмæ нылхъывта. Ныр дæр ма йæ худгæйæ радзуры, фæлæ уæд худыныл нæ уыдис. Æмæ йæм уæдæ куыд нæ мæсты кодтаин! Ирæ мæнæй къаддæр нæ уыд, фæлæ æз ныхæстæй иу дæр фæсномыгæй нæ дзырдтон, уый та æхсыр дæр гуыппа хуыдта. Слæууыд-иу хъугдуцынафон къæсæрыл æмæ-иу кæуын байдыд- та: «Гуыппа мæ гæуы, гуыппа мæ...» Æз æм тынг мæсты кодтон, фæлæ йæм хистæртæй сдзурын нæ уæндыдтæн. Уый хардз-иу æй уыйфæстæ къуымы бакодтон: — Ныртæккæ æхсыр зæгъ! Фæлæ та-иу уый дыккаг бон уæддæр дзыназын байдыдта: «Гуыппа мæ...» Дард ранæй ссыдыстæм уæд мах æмæ рæстæгмæ æнæхъæн бинонтæй уыдонмæ цардыстæм, нæ мады хойы хæдзары. Иу бон нæ мæ мад куывдмæ арвыста, мæ къабатæ ныл скодта нæ дыууæйыл дæр, афтæмæй; уадз æмæ, дам, дыууæ æмхуызон сывæл- лоны дзæбæх аивæй цæуой. Æз мæ мады раз ницы сдзырдтон, мæ къаба йыл кæй скодта, уый тыххæй, фæлæ, куыддæр куывд чи код- та, уыдонмæ схæццæ стæм, афтæ йæ уым иу ран нал уагьтон: — Ныртæккæ мын мæ къаба ралас. Мæ разæй йæ фæстæмæ ратардтон. Мæ мад нæ куы федта, уæд нæ, цæй тагъд æрцыдыстæм, уымæй бафарста. Ирæ уый куы фехъуыста, уæд йæхи нал бау- рæдта, мæнырдæм æрбакаст æмæ ныккуыдта, æмæ ма уæд цы бамбарын хъуыд мæ мадæн дæр, афтæ тагъд цæмæн æрцыдыс- 55
тæм, уый. Сзагъд мæм кодта æмæ мыл фæхæст, зæгъгæ, уæд мæ æнæ фæнæмгæ нæ ныууагътаид. Æрмæст мæ мад æмæ мæ фыд хæдзар уынæг куы ацыдысты æндæр хъæумæ, уæд мæ нал æвдæлд Ирæмæ. Каумæ-иу схызтæн æмæ-иу уым, цъиу къалиуыл куыд бада, афтæ бадтæн. Мæ алыварс цыма цæрæг нал уыд, афтæ мæм каст, æрæджы кæй базыдтон æмæ фаг кæуыл нæма фæцахуыр дæн, уыцы бинонты ’хсæн. Æнхъæлмæ кастæн, фæндаджырдыгæй махырдæм цæуджытæ кæд фæзындзæн, уымæ, фæлæ мæ мад æмæ мæ фыд никæцæй зындысты, æмæ-иу кауыл бадынæй куы бафæлладтæн, уæд-иу зæхмæ æрхызтæн. Уыцы рæстæг мæм мæ мады хо алцæ- мæй дæр мæ мады хуызæн каст — хæринаг кæнгæйæ, дон æрбацæй- хæсгæйæ, йæхи æхсгæйæ, æмæ ма ноджы бирæ цæмæйдæрты. Уæд хæсты фæстæ уыд. Дзуллаг ссад фаг нæ кодта, æмæ-иу мæ мады хо ссадыл ауæрдгæйæ тæнæг дзултæ скодта. Дзул-иу æхсæз æмыйас дихы акодта æмæ-иу ныл æй байуæрста. Æхсыры хъæрмхуыппимæ-иу нæм дзул хæрын æвгъау каст æмæ-иу нæ къæбæртыл ауæрстам, стæй-иу сæ мондаг хæрд кодтам афтидæй. Мæ мадæн мæхи никуы сбуц кодтон, фæлæ уыцы фыдæбоны рæстæджыты иу хатт нал баурæдтон мæхи æмæ скуыдтон. Хæцгæ низтæ адæмы скæс нæ уагътой. Иугыццылдæр-иу сы- вæллæтимæ ахъаз, æндæр дыл уайтагъд исты низ бахæцыдаид. Уæд та мыл иухатт цавæрдæр низ бахæцыд, æмæ мын мæ мад хæдзары иу къуымы уат бакодта, мæ бон дæ куы нæуал у, зæгъгæ, æмæ гъеуæд мæхи нал баурæдтон æмæ скуыдтон. Фæлæ мын уæддæр ничи фæтæригъæд кодта. Мæ фыд дæр мæ цыма нæ фехъуыста, йæхи афтæ дардта, афтæмæй мын æнæуи мæ къухты суазалыл дæр нæ лæууыд. Скъола нæм дард уыдис, æмæ-иу зы- мæгон, цалынмæ нæхимæ схæццæ дæн, уæдмæ-иу мæ къæхтæ æмæ мæ къухтæ бандæвтой. Скæуынæй дарддæр-иу мын ницы- уал хос уыдис, фæлæ-иу мын мæ фыд мæ къухты йæхи къухты ’хсæн бакодта æмæ-иу сæ сындæггай фæхъарм кодта, сонтæй сæ тæвд дурын пецыл куы авæрай, уæд дын рисдзысты, зæгъгæ. Фæлæ ныхас мæ къухы носыл рауадис... Уæд дæр мæхи ницы- хуызон фæкодтон. Иунæгæй куы баззадтæн, уæд æй бабастон. Сихорырдæм арвыл фæзынд бирæ мигътæ. Мынæг арты фæздæ- гау згъордтой æмæ уайтагъд арв æрбахгæдтой. Уалынмæ арв нын- нæрыд. Æз æрбатыхстæн; дон нæм дард бæргæ нæ уыд, фæлæ мын, макæдæм-иу ацу, зæгъгæ, нæ загътой, мæн та мæхиуыл дон скалын фæндыд — афтæ, дам, вæййы, арв фыццаг хатт куы нын- нæры, уæд, æмæ ма иугыццыл ахъуыды кодтон, алæууыдтæн мæ мидбынаты, стæй уыциу тахт акодтон доныбылырдæм. Мæ цæсгомыл дон скалдтон æмæ фæстæмæ фæзылдтæн. 1970 аз 56
ЕЗЕТХАНЫ ЦИН Езетхан рагæй дæр раджы стын нæ уарзы, афтæмæй йæ куыст- мæ та æхсæз сахатмæ цæуын хъуыд. Мад-иу æм сдзырдта æмæ- иу æй бауыгъта. Цæуын æй хъæуы, Езетхан уый бамбæрста, афтæмæй ма иу гыццыл дæр афынæй, уæд æй ничиуал сыстын кодтаид, æмæ йæм мад сдзырдта, зæгъгæ, уæд-иу йæхи сынтæ- гæй æппарæгау ракодта. Мад Езетханы хъал кæныны бæсты фæлтау йæхæдæг сыстадаид, æмæ-иу чызг хуыссæгхъуагæй йæ дзаумæттæ кæнынмæ куы бавнæлдта, уæд-иу, «ох, тæхуды», зæгъ- гæ, бакодта йæ сынтæджы иннæрдæм зилгæйæ. Уынджы-иу Езетханы рацыдмæ ницыма зынд, стæй-иу ца- лынмæ трамвайы цæлхыты уынæр æрбайхъуыст, уæдмæ фæрух- сдæр. Цæст-иу иртасын райдыдта. Езетханы æндæр куыстæй дæр бар уыд, фæлæ йæ уырдæм нæ бафæндыд. Ам ын рæстæг бирæ уыд институтмæ цæттæ кæ- нынмæ. Бафснай кусджыты ’рбацыдмæ, уыйфæстæ дæ чиныгимæ, кæм дæм хуыздæр кæсы, уым сбад. Æндæр ма йæ цы хъуыд? Чызгæн та æфснайынтæй ницы у. Хъахъхъæнæг ын-иу дуар кæдмæ нæ бакодта! Искуы иу хатт та-иу æм йæ ус рацыд, халаты тыхтæй. Хуыссæгхъæлдзæгæй иу чызджы саламæн дзуапп дæр нæ радта, афтæмæй-иу лидзæг фæци. Мидæгæй-иу дæгъæл куыд æрзылдта, уый ма-иу фехъуыст Езет- ханмæ, стæй-иу кæрты зыбыты иунæгæй аззад. Афтид æхгæд кæрт дзы тас уагъта. Къулрæбын пъадвалтæм ныууайæнæй йæм цыма исчи хъуызгæ скастаид, иу каст уырдæм кодта, иннæ каст йæ къухтæм, афтæмæй æддæгуæлæ æхгæнæнтимæ архайдта. Мидæгæй-иу талынджы морæ паркетыл æрлæууыд. Рухссу- дзæн рæбыноз уыд, æмæ-иу æм нæ уæндыд, фæлæ-иу йæхи фæ- ныфсджын кодта, афтæмæй-иу бауад æмæ-иу æй асыгъта; царæй зæхмæ дуарæмбæрзæнтæ-иу йæ размæ февзæрдысты. Езетханы хæцъил-иу кæм нæ ауадаид, кæм нæ асгæрстаид. Уæд- дæр ма-иу æм йæ хицау исты аипп ссардта. Йæ урс къухыл тых- тæй чи зынд, уыцы хæцъилы фаг рыг кæмдæр разындаид æмæ-иу бахудгæйæ загъта: «Уæхимæ дæр афтæ фефснайыс, мæ хур?» Æфхæргæ йæ худгæ-худын кæй кодта, Езетханмæ хъыг уый каст. Рæстæгмæ кусы ам, уый-иу дзы æрбайрох. Куыст фæуа- дзыны зонд æм-иу фæзынд, стæй та-иу йæ зæрдыл æрбалæу- уыд, бирæ дзы кæй нал бакусдзæн, уый. Фæлæ йын уæддæр маст уыд — сайæн куыст, мыййаг, куы нæ кодта. Скъолайы фæстæ дыууæ азы бакусын хъуыд Езетханы. Йæ хæдзары куыст ын исчи куы зонид, уæд дзы ахæм куыстытæ 57
бæргæ ничиуал домид, фæлæ чи зоны уый? Хæдзары кæстæрæн уый ис, æмæ алырдæм дæр уый æрвитынц. * * * Институтмæ стыр конкурс уыдис — иууылдæр историйы фа- культетмæ ныккалдысты. Езетхан фæлварæнтæ куы радта, уæд- дæр йæ тарст нæма ссыд; институтмæ йæ куы нæ айсой, ууыл мæт кодта. Цалдæр боны ма йын баззад, æмæ чингуытæ каст. Уыдонмæ ма йæ ахуырæй кæд равдæлдзæн? Хабар æм цы бон æрбацыд, уыцы райсом фыд тæрхæг арæз- та, æмæ мад дæр йæ разæй нæ фæцух. Кæм æм, цавæр зæгæл æй хъуыд, уый лæвæрдта, кæм та, фæйнæг лыг кæны, уæд-иу фæй- нæджы кæрон æрæнцой кодта. Иурæстæг мад Езетханмæ бауад. Диваны иннæ кæрон йæ ныхмæ æрбадт. Хабæрттæ йын кодта, фæлæ Езетхан иу каст мадмæ кодта, иннæ — чиныгмæ: йæ цæст æй ныууадзын нæ уар- зта. Мад æм фæмæсты æмæ кæртмæ цæуынмæ фæци. Езетхан дæр уæд йæ чиныг фæуагъта æмæ йæ мады фæстæ рацыд. Æнæхъæн бон кæсынæй куыд бафæллад, уый æрмæстдæр уæд бамбæрста; йæ цæстытæ тартæ кодтой. Йæ рацыдмæ мад сæ сыхаг усимæ лæууыд дуаргæрон. Дзæ- гъæлы сæм не ’рбацыдаид. Алы бон дæр сæ рæзты куы фæ- цæуы, фæллад вæййы æви йæ цыд ахæм у, уæзбын... Дардæй салам ратты. Ныр та сæм мидæмæ æрбацыд. Институты куыста. Езетхан бахаудта ’æви нæ, уымæй кæд исты базыдта, зæгъгæ, усы афæрсынмæ йæхи тыххæй урæдта. Йæ фарст йæ былалгъыл лæууыд, фæлæ дыууæ усы ныхас куыд фæлыг кодтаид. Уæддæр æй фæрсыны сæр нал бахъуыд. Езет- ханы куы ауыдта сылгоймаг, уæд æм йæхæдæг фæраздæр. Йе ’вдæлон къухæй йæ йæ хъæбысы æрбакодта. — Ахуыр кæн, мæ къона. Бахаудтай... Езетхан йæ цæстытæй ракаст, нал ын рыстысты. Уыцы сахат ын йæ сыхаг усæй зынаргъдæр ничиуал уыд; фæндыд æй, исты цума йын куы зæгъид, æмæ куы азгъорид. Лыстæг æхцатæ рацагуырдта æмæ автоматмæ ауади... Хæтæ- лæй йæм сылгоймаджы хъæлæс сыхъуыст. Езетхан ын йæ мыг- гаг загъта. Институтмæ, дам, бахаудтон... Уый, дам, æцæг у?.. — Ахæм ном æмæ нæм мыггаг нæй, — зæгъгæ йæм сдзырдæ- уыд. Езетханæн дуне иннæрдæм фæцæйфæлдæхт, хур æй нал æндæвта. Цыма уыцы ныхасæн аивæн ницуал хуызы ис, никæд, ацы аз дæр, иннæ аз дæр. Æппындæр никуы!.. Йæхи аив дæр нал акодта. Æнæхъæн бон диваныл цы цыбыр- дыс къабайы бадтис, уый æнцъылдтæ дæр æм нал фæзындысты, 58
афтæмæй. Йæ лыстæг æхца анымадта. Трамвайы сбадыны фаг ын уыдысты, æмæ институтмæ фæраст. Асинтыл æртыккаг уæладзыгмæ куыд сызгъордта, уый æмбар- гæ дæр нæ бакодта. Деканаты дуар айтыгъта æмæ дуаргæрон алæууыд. Стъолы раз цы ацæргæ лæг бадт, уый йæм каст. Езетхан æй афæрсын нæ уæндыд. Йæ дзуаппæй йын тарст, фæлæ йæ æцæгдзинад базонын дæр тынг фæндыд æмæ дзы æрæ- джиау йæ сонт фарстæй фефсæрмы. Лæг йæ бынатæй сыстад, æмæ йæ фæзылд Езетханмæ æна- хуыр сындæг фæкаст. Йæ тыхстыл ын æфтыдта. Уалынмæ урсцъар сылгоймаг æрбахызт. Агъуысты ма цы стъол æвæрд уыд, уый раз æрбадт. Цыдæр сдзырдта лæгмæ, æмæ йæ Езетхан йæ хъæлæсæй базыдта: автоматæй цы сылгоймагимæ ныхас кодта, уый уыд. Лæг радыгай номхыгъдтæ иста йæ къухмæ. Лæмбынæг сæм каст. Езетханы номæн уым æнæ уæвгæ нæ уыд, ууыл цыма йæ зæрдæ дардта. Æппынфæстаг йæ амонæн æнгуылдз фæлæууыд, æмæ ма цыма уымæй фæрсын дæр цæмæн хъæуы, кæй бахаудзæн, уый дызæрдыггаг дæр нæ уыд, ахæм цæстæнгасæй йæм ракаст... Езетхан йæ зæрдæ кæуыл нал дардта, уыцы цин нал баурæд- та æмæ йæ мидбылты бахудт. 1971 аз УАЛДЗÆДЖЫ УЛÆФТ (Мидхъуыдытæ) 1 Уалдзæг мæм ацы азы хуызæн дидинæгджын никуы фæкаст; нæ кæрты иу æнæнтыст бæлас — цы у, уымæй иууылдæр диди- нæг фестад. ...Фæлварæнты фæудмæ-иу мæ чумæдан айсынæввонг сси, бæлццонхуыз-иу сдæн æмæ-иу уыцы изæр рараст дæн нæхимæ... Поезд ма-иу сындæггай цыд, афтæ-иу æрхизæны æфсæйнаг хъуамæ фегом уыдаид. Адæм вагæттæм уадысты, алчи-иу йæ бæлццоны æрхызтмæ æнхъæлмæ каст. Мæ размæ-иу мæ фыд рацыд. Иуварс-иу æрлæууыд æмæ-иу вагоны рудзгуытæм каст, æвæццæгæн ма мын-иу мидæгæй æнхъæл уыд. Æз та-иу уæдмæ асинтыл æрхызтæн. Кæрæдзийыл-иу ба- цин кодтам. Йæ хъуырыл ын-иу куы атыхстаин, уæд мын цыма уый мæ цин уæлдай тынгдæр нал равдыстаид, афтæ мæм каст. Зымæджы каникулты ссæугæйæ-иу æндæргтæй уæлдай ницыма 59
зындис, афтæмæй-иу нæхимæ схæццæ стæм. Нæ асин мæм-иу алы ссыдæн дæр æнахуыр цæхгæр фæкаст, хæдзар — ныллæг, фæлæ хи хæдзар у. Кæд цæстытыл дардæй рæсугъддæрæй фæуайы, уæд уый та уымæн, æмæ зæрдæйæн уымæй хæстæгдæр хæдзар нæй. Мæ кæстæр æфсымæртæ-иу хуыссæгхъæлдзæгæй сæ хуыс- сæнты алæууыдысты. Мæ иу ссыдæй-иу иннæ ссыдмæ куыд фе- стырдæр сты, уый-иу раиртæстон. Нæ хæдзары уавæртæм-иу кастæн. Бæркад кæм уыд, уым цин кодтон, хъуагдзинад кæм уыдтон, уым та-иу тыхсгæ бакод- тон, æмæ та-иу æхсæв мæ хуыссæг фæхаудта. Æмбисæхсæвмæ нал бафынæй дæн — бинонтæ сугхъуаг фесты... Мæ хъуыдыты ацыдтæн. Арф улæфт мæ-иу сирвæзт. Мæ фыд дæр, æнхъæл- дæн, нæма бафынæй, фæлæ уый мæнау нæ разил-базил кодта, æмæ мæм йæхæдæг куы нæ сдзырдтаид, уæд æй нæ базыдтаин. Гыццылæй-иу йæ дæлфæдтæм куы схуыссыдтæн, уæд мæм-иу загъд кодта, ма тæлф, зæгъгæ. Уæддæр та мæ базыдта. — Хадизæт, цæуылнæ фынæй кæныс? — Нæ зонын... Сугæн цы уыдзыстут?.. — Ууыл та цы тыхсыс? Утæппæт сугтæ афтæ тагъд фæуыдзысты, уый æнхъæл та чи уыд, фæлæ ацы зымæг зымæджы хуызæн уыд?! Мæ мад мæ фæндараст кæны, зæгъгæ, уæд ын æнæ цæссыгтæ æркалгæ нæ уыд, æмæ та фæстаг хатт дæр афтæ рауад... ...Цалдæр минуты фæстæ поезд араст уыдзæн. Мæ зонгæ ус мын йæ чызгмæ ныстуантæ кодта, бæлвырд æфснайд чыргъæд мын мæ разы æрæвæрдта. Мæ бынаты æрбæстон дæн. Фæндарастгæнджытæ цыдысты вагæттæй. Адæм та поезды арастмæ æнхъæлмæ кастысты, æмæ- иу сæм бахæлæг кодтон. Уымæ гæсгæ-иу мæ куыдфæндыдæрæй фæндыд «хæрзбон» зæгъын. Цыма фондз мæйы (мæ иннæ кани- култы онг) нæ, фæлæ фондз боны балцы цæуын. Стæй Уæрæ- семæ дæр нæ, фæлæ цыма хæрзхæстæг ранмæ. Мæ бандонæй сыстадтæн. — Цæй, ахизут. Ныртæккæ поезд фенкъуысдзæн, — сдзырд- тон дыууæ сылгоймагмæ. Мæ зонгæ ус мæм йæ къух радта, мæ мадæн йæ къух дæр нæ райстон. Зæгъын, цæй, тагъд та фендзыстæм. Кæрæдзи фæстæ араст сты дуармæ. Мæ зонгæ ус мæ куы фæхъуыды кодта, уæд фæзылд æмæ мын бауайдзæф кодта: — Ныртæккæ дæ мады дæ хъæбысы акæн. Æз мæ цæнгтæ мæ мадыл æрбатыхтон, æмæ йæ зæрдæ æрба- уынгæг. Æрттиваг цæстæй мæм каст зæххæй дæр, цалынмæ по- езд араст, уæдмæ. Æз æм уæддæр бахудтæн: мæхи цæстытыл нæ ауæрстон, мыййаг — уый цæстытыл. 60
2 Кæцæйдæр æргъæвст цъиуау гæдыбæласы къалиу æрхаудта. Къуыбар рафтыдта, æмæ йын фæтæригъæд кодтон: миты рагъыл басийдзæн. Авджы йын дон ныккодтон æмæ йæ нæ рудзынгыл сæвæрдтон. Уый уыд уалдзæджы улæфт, афтæмæй дымгæ та уынджы ногуард мит марзта. Нæ чызджытæй иуæн йæ уарзон сырх уарди æрбахаста, æмæ не ’ппæтмæ дæр диссаг фæкаст — хурæфсæст дидинæг, мит ма сасирæй луарæгау кæм уарыд, уыцы ран æнахуыр уыд. Хæдтæ- хæджы æрбаирвæзт иунæг дидинæг хуссарæй — сæ уарзондзина- ды нысан. Æмæ уый дæр уалдзæджы улæфт уыд. Алцæмæн дæр афон ис. Уалдзæгæн дæр, фæззæгæн дæр. Цæ- уынц азтæ... Æмæ-иу дæу кой скодтон, уæд-иу мæ фыдбылыз мæ размæ фæцис — æфсарм. Фыстæг та цы у? Адæймагæн йæ хъæ- лæс кæм нæ хъуысы, ахæм ныхæстæ, уæддæр дæм дзы уый фæн- дæй иунæг дæр нæ бахæццæ уыдаид. Фæлæ йæм нæ байхъуыс- тон. Æз æм мæсты кодтон, æмæ йын сисæн куы уыдаид, уæд æй систаии æмæ йæ зæххыл ныццавтаин. Лыстæг куыд ныппырх уа. Фæлæ йын къухмæ сисæн нæ уыд. Фенæн дæр — афтæ. Уæдæ йын йæ уд сыскъуынон, уый гæнæн та æппындæр нæ уыд. Цы у адæймаджы цард æнæ уый? Кæд мын фыдбылызтæ арæзта, уæд- дæр арфæ кæнын ацы зæххæн, уый чи сфæлдыста. Иубон та æрæнкъард дæн. Æнæбары бавнæлдтон мæ чингуы- тæм. Цалынмæ, ме стъолыл цы рагъ амад уыд, уыдон бакастаин, уæдмæ мын нæхимæ цæуæн нæ уыд — мæйы фæстæ хъуамæ рай- дыдтаиккой фæлварæнтæ. Чингуытæй раздæр кæцымæ бавналон, уый нæма зыдтон. Мæ цæст сыл ахастон. Бонсауизæрмæ та чин- гуытæ? Ацы бон дæр та иннæ бонты хуызæн? Æмæ мæм æвип- пайды иу хъуыды фæзынд... Поезд нæхимæ изæры араст уы- дзæн. Мæ гыццыл æфсымæр рынчын куы у... Институты балæууыдтæн, фæлæ ректор йæ уаты нæ разынд, æмæ ме ’мбæлттæн бафæдзæхстон: «Цæуын, фæлæ-иу сымах мæ бæсты зæгъут...» Мæ дзаумæттæ чумæданы бафснайдтон: хъуа- мæ сахат æмæ æрдæджы фæстæ вагзалмæ араст уыдаин. Хæдзармæ фæндаг цыбыр у, фæлæ æз уæддæр нал æмæ нал фæфынæй кæнын. Поезды алы æрлæудæн дæр мæ сæр базæй фелвасын æмæ æддæмæ ракæсын. Бонырухс куы фæбæрджытæ вæййы, уæд зæрдæмæ цавæрдæр рухс бахъары. Поезды цæл- хытæ хи зæххыл тулынц, уый хатгæйæ зæрдæ æнахуыр цин ба- кæны. Афтæ алы хатт дæр, æмæ уыцы цин, мыййаг, искуы куы нал хата адæймаг, уæд ма цы у йæ цард?.. Ме ’мбæлтты хъæлæстæ мын мæ хъуыдытæ æрбаскъуыдтой. Чызджытæ кæрæдзийæн дзырды бар нæ лæвæрдтой. Диссаг сæм 61
каст, каникултæм бирæ нал баззад, афтæмæй нæхимæ цæуыныл кæй сбæндæн дæн, уый. Уæддæр мыл тыхстысты. Æххуыс мын кодтой. Ректорæн зæгъдзыстæм, зæгъгæ, æмхъæлæсæй дзырдтой. Æнæхъæн боны рауай-бауайæ ме ’нкъарддзинад цыдæр фæцис. Ме ’мбæлттæй мæ чидæр афарста: — Æмæ абон поезд цæуы, абон? Райсомæй алцæуыл дæр бæргæ ахъуыды кодтон, æрмæст ууыл нæ, æмæ цавддурау фæдæн; æнæкъай бонты поезд нæ цыд. Мæн та æнæмæнг уыцы бон фæндыд ацæуын. Уый дæр уыд уалдзæджы улæфт. Дæттæ ихтæ ластой. Уалдзæг лæгæрста, æмæ хур æндавын райдыдта. 1973 аз ГЛАЗИ КЪАБА Хорз ма хъуыды кæнын уыцы рæстæг, хуымæтæг дзаума бал- хæнын дæр зын куы уыд, æмæ-иу ныййарджытæ сæ чызджытæн рæсугъд къабатæй зæрдæ куы æвæрдтой. Æвзонг чызг-иу æй йе ’мбæлттæн аппæлыдаид, æмæ йæм уыдон дæр æнæ бахæлæггæнгæ нæ фæуыдаиккой. Къаба-иу разындаид хуымæтæг джиппæйфыст, алыхуызон дидинджытимæ, кæнæ та æрттиваг сатин, фæлæ-иу бæстæ дæр уый бацис. Мæнæн дæр мæ фыд иухатт зæрдæ бавæрдта: — Мæнæ куы фæхъæздыгдæр уæм, уæд дын глази къаба бал- хæндзынæн. Хæсты фæстæ уыд уый. Адæм ма-иу кæмдæрты хæцæнгæрзтæ, хæлд нæмгуытæ ссардтой. Устытæ ма знæгты цъæх æлгъыст код- той, фæлæ алчидæр бамбæрста, нæхимæ та нæ равдæлдзæн, уый, æмæ зæрдæвæрæн ныхасыл кадавар нал уыдысты. Скъоламæ бацæуыны размæ мын мæ мад хъуымацы гæбаз балхæдта, исты йын дзы бахуыйон, зæгъгæ. Йæхицæн йæ рахиз къухы æнгуылдзтæй иу схæф кодта, мимæ бавналæн ын нæ уыдис, æмæ йæ нæ сыхаг усмæ ахаста. Скъоламæ фыццаг хатт куы цыдтæн, уыцы райсом мæ фынмæ мæ мады сабыр ныхас фехъуыстон: «Де ’гæрыл уай, Ладинка. Æзынма йын асæст бон дæр йæ цæнгтæ æмбæрздзæн, уый йын дзы цы рауайын кодта...» Хæдзары мæ мад æмæ мæ фыдæй дарддæр ничи уыд. Райсомæй-иу куы райхъал дæн, уæд мын хæдзармæ уайтагъд ракæсæн нæ уыд. Хъуамæ ма-иу байхъуыстаин, мад дуаргомæй уæларт хæринаг куыд æвæрдта, скъаппæй пецы астæу куыд ар- 62
хайдта, уымæ, стæй-иу хæдзар куы бахъарм, уæд-иу мæнмæ дæр сдзырдтой: «Сыст уæлæмæ, чызг. Цафон у ныр?!» Фæлæ уæд куыддæр мæ мады ныхæстæ айхъуыстон, афтæ фæхъуыды код- тон, мæ ног къабайы кой кæй кæны, æмæ хъæццул уыциу æппæрст акодтон... Ныр дæр ма мæ цæстытыл уайы: доны уайæджы хуы- зæн цыбырфæдджи æмæ къуындæг, фæлæ мæнмæ уæддæр, мæ фыд мын зæрдæ цы глази къабайæ æвæрдта, уымæй æвзæрдæр нæ фæкаст, æмæ дзы уынгмæ, ме ’мбæлттæм ратахтæн. Иу зымæг фæрынчын дæн. Мæ тæвдæй дзæгъæлдзырд код- тон. Бинонтæ мæ алыварс бадтысты, фæлæ сæ æз никæй уыд- тон. Иухатт та цыдæр сдзырдтон, стæй та мæ цæстытыл ауадыс- ты, иу къласы кæимæ ахуыр кодтон, уыцы чызджытæ: æртæйæ фæцæйцыдысты нарæг уынджы æмæ мын ме ’взаг фæцæйхас- той. Кæрæдзимæ йæ ’вдыстой, æмæ æз мæ фыдмæ сдзырдтон: — Уæртæ мын ме ’мбæлттæ ме ’взаг фæхæссынц, æмæ йæ фæстæмæ райс! Уый мын зæрдæ бавæрдта, цæуын сæм, зæгъгæ, æмæ уæд æрæнцадтæн... Хæринагæй мæ зæрдæ фæткъуытæ йеддæмæ ницы агуырдта, фæлæ ма зымæгон кæмæ цы разындаид! Мæ фыд æнхъæл кæмæ уыди, уыдоныл куы азылд æмæ сæм куы ницы ссардта, уæд ма йын иу хæдзар бацамыдтой: «Хъалæгонтæм ма, æвæццæгæн, ра- зындзæн. Æвæрынæн уыдоны дыргътæн æмбал нæй». Мæ фыд сæм æвæндонæй араст. Куы сæм уа, уæддæр ын ратдзысты, ууыл дызæрдыг кодта. ...Хæсты размæ аз... Мах уыдыстæм ногæрлидзæг хæдзар, дар- дæй æрцæуæг, æмæ-иу кæд мæ фыдæн, йæхи загьдау, йæ баконд зæххæй æнæхъæн сых фæдарын йæ бон уыдис, уæд уыцы аз та хорхъуаг фестæм, немæ цы фæллой æрластам, уый ног хор æрцæ- уынмæ нал сфаг. Фæлæ хъаруджын лæг хоры мыздыл иу-цал- дæр хæдзарæн пецтæ ацамадта, æмæ уыдонæй иу уыд Хъалæгон. Йæ мызд райсынмæ сæм мæ хистæр æфсымæры барвыста. Лæп- пу тæнтъихæг нырма, гыццыл æргъомы бын дæр-иу æртасыд. Хор куы ’рбахаста, уæд диссагхуызæй нæ фыдæн радзырдта: — Базары исты куы фелхæнæм, уæд уыдон барæнгарз цъуп- дзаг бакæнынц, Хъалæгон та-иу ын йæ сæр армæй расæрфта. Мад æмæ фыд кæрæдзимæ бакастысты. — Уый уал нæ фаг уыдзæн, мæ къона, — бакодта нæ мад. ...Хъалæгон, зæлдаджы хуызæн зæронд ус, дæргъæй-дæргьмæ къабайы къæсæрыл мæ фыды размæ æрлæууыд. Лæджы тыхст ныхасмæ куы байхъуыста, уæд æнæистыдзургæйæ сарайы стыр чырынмæ баздæхт æмæ йæм нывнæлдта. Йæ куатæйы æртæ фæт- къуыйы рахаста. — Мæ мардмæ мын æрбацу, адонæй дарддæр ма мæ рæбыны 63
кæд иунæг дыргъы мыггаг дæр ис. Адон дæр, зæгьын, уæд та ис- кæй удхосæн бахъуыдысты... Дæхи фæндиаг уæд дæ рынчын... — Æмæ сæ лæгмæ радта. Мæ фыды æнæ сомытæй дæр бауырныдтаиккой зæронд усы ныхæстæ. Фæбузныг дзы. Æвæндонæй йæм бацыд, уый дæр дзы æрбай- рох. Мæ мад дæр бацинхуыз, цыма йæ рынчын йæ къæхтыл слæууыд. — Хуыцау ын арфæ ракæна. Æнхъæлмæ кæмæ кæсы, уыцы бæлццæттæ йын сæрæгасæй сæ хæдзар ссарой. Хæст иуты дæр- зæг митыл сахуыр кодта, иннæты та цыма ивгæ бакодта — рæдау- дæр фесты... Фæткъуытæй нымадæй цалдæр карсты фæдæн хæрд, иннæты дих- тæй æндахыл бафтыдтой æмæ сæ сынтæджы къухыл æрцауыгьтой. Уалдзæгмæ рудзынджы цурмæ æнæ искæй æххуысæй цæуын байдыдтон, æмæ-иу кастæн, нæ доны былтæ цъæх куыд адард- той, æмæ сыл ногзад уæрыччытæ куыд хъазыдысты, уымæ. Ме ’мгæрттæ нæууыл хъазыдысты, æмæ сæм мæ зæрдæ тырныдта. Дуканимæ ног дзаумæттæ æрластой, æмæ сæм адæм уынæг цы- дысты. Алкæй дæр фæндыд йæ бинонтæн исты ног дзаума фенын. Уæлдай тынгдæр та дзы кодтой иу хъуымацы кой, æмæ дзы мæ мад дæр схаста. — Мæнæ дын цы глази къабайаг бæлхæдтон, мæнæ! — хъæл- дзæгæй мæм æй бахаста мæ фыд æмæ йæ мæ уæлæ æрытыдта. Уый уыд хуымæтæг сатин, уалдзæгхуыз, рæсугъд. Æз та йæ æцæг глази фенхъæлдтон, ахæмæй уад мæ цæстытыл. Мæ хуыссæны рабадтæн æмæ йæ мæ дæллагхъуыр æрбакодтон... Уыдис, æвæдза, ахæм рæстæджытæ дæр... 1973 аз АдаЙМАДЖЬ1 ФÆД 1 Дземыса, Тепсарыхъойы нал фендзæн, уый куы зыдтаид, уæд иу къахдзæф дæр никæдæм акодтаид. Заремæ дард фæндагыл фыццаг хатт нæ цыд, мыййаг, иунæгæй дæр та ацыдаид. Фæлæ... Йæ хотæ йæ æдзух мæстæймардтой: «Бафу йыл кæн, æмæ ахау- дзæн». Æмæ паддзахадон фæлварæнтæ дæттынмæ куы цыд, уæд Тепсарыхъо йе ’фсинæн загъта: «Йæ^ хъуыры куы ницы уадзы, уæд ахæм схæцæны цы бакæндзæн. Йемæ ацу æмæ йæм фæкæс. Хъарм хæринаг ын уæддæр кæндзынæ». 64
Заремæ уыцы ныхæстæ фехъуыста, фæлæ сæм ницы сдзырд- та. Æхсызгон ын уыд, мад йемæ кæй цæудзæн, уый. Иннæтæй- иу кæмæ йæ мад æрцыд, кæмæ — йæ фыд, фæлæ Заремæйы бинонтæн ахæм фадат нæ уыд. Дземысайы йæ мойы иунæгæй ныууадзын никуы бафæндыд, дыууæйæ ацæуынæн та сын гæ- нæн нæ уыд. Цотæй алчи — хицæн хæдзар. Алы бон дæр сæ ныййарджыты хæдзармæ куыд уадаиккой, уыдон дыууæйæ дæр ацыдысты, зæгъгæ, уæд? Алчидæр куысты бæрны ис. Дзæгъæл бадтмæ гыц- цыл сывæллоны дæр не ’вдæлы. Хæдзары та, æппын ницы, фæлæ каркæн хæринаг раттын уæддæр хъæуы. Æмæ та фæстаг хатт дæр Дземыса йæ мойы ныхæстæм ницы йæ хъус æрдардта. Заремæ йæхимæ уыйразмæ дæр каст. Уæд дæр æй уæлдай æххуыс нæ хъуыд, фæлæ йæ бинонтæй, кæм ахуыр кодта, уыцы стыр горæты никуыма ничи федта. Цард та куыд рауайы, — чи зоны, мыййаг сын уыйфæстæ гæнæн куынæуал фæуа. Æмæ ны- хас куы алыг, Заремæ дыууæ билеты куы ’рбахаста, уæддæр Дземысайы нæма уырныдта, билеттæй сæ иу уымæн кæй бал- хæдтой, уый. Дземыса поезды сбадтис, уæддæр ма йæм фьш фенæгау каст, æмæ та-иу Заремæмæ йæ цæстытæ базылдта. Йæ зæрдыл та-иу æрбалæууыд, хæдзарæй куыд рараст, уый... Сæ чызджы сывæллæттæ йæ фæстæ агъуыйдзысты, зæгъгæ сæ Тепсарыхъо цæхæрадонмæ акодта. Сывæллон цы ’мбары сагъуыйынæй дарддæр? Ис-нæй, уæддæр сæ нанайы фæстæ цæ- уыныл ныллæудзысты. Сывæллæттæ хъазыныл фесты, æмæ ма уæд Тепсарыхъо цæ- хæрадоны дуары сæрты ракаст, æмæ Дземысамæ йæ лæг фæкаст тынг æнкъард. Цыма йын, цæмæн мæ уадзыс, зæгъгæ, загъта. Дземыса тагъд афæлмæцыд йæ æнахуыр ран. Макæимæ абад, макæимæ аныхас кæн. Æмæ дзы кæй æвдæлд æниу абадынмæ? Иууылдæр уым хъуыд- даджы фæдыл уыдысты, æмæ сыл цæст хæцгæ дæр нæ кодта. Хæринаггæнæнмæ бацу, уæд-иу газы пецтыл алырдыгæй хæри- наг фыхт. Хæрдмæ-иу хаудтой агты сæртæ, фæлæ сæ чи сæвæр- дта, уыдонæй иу дæр сæ разы — нæ. Уæд-иу Дземыса дæлдæр æрзылдта пецты судзæнтæ æмæ-иу сæ уд сæ мидæг æрцыд. Сæ хицæуттæй-иу исчи куы фæзынд, уæд-иу ыл усы цæст нæма æрхæцыд, афтæмæй фæстæмæ федде ис. Бузныг-иу ын загътой уайгæ-уайын. Зыдтой, уый тыргъы кæройнаг агъуысты цы чызг цæры, уый мад у. Æмæ-иу кæд сныхæстæн рæстæг нæ уыд, уæд- дæр сæ фæхудты, сæ иунæг дзырд «бузныг»-ы уыд хæлар æнгæс, æмæ-иу Дземысайæн дæр æхсызгон уыд, уыцы æнæвдæлон адæ- мæн цыфæнды гыццыл æххуыс дæр бæсты кæй цæуы, уый. 5 Томайты Мисурхан 65
Хихсæны разæй сæ фылдæрæй никуы федта иумæ. Йæ ахуыр нæ хæлдта, æмæ-иу фыццаг дыууæ боны райсомæй раджы йæхи ’хсынмæ куы бацыд, уæд дзы, кæм балæууыдаид, иу ахæм бы- нат нал уыд. Æмæ уæд йæхицæн загъта: «Адон сæ хъуыддæгтæм фæтагъд кæнынц, фæлæ ды та цы кæныс? Дæ куыстытæ дæ, мыййаг, куы нæ домынц». Фæлæ Дземыса, уæгъд рæстæг ын цыфæнды бирæ куы уыдаид, уæддæр æрæгмæ стын нæ уарзта. Хуыссæны уæлдай ратул-батул ахуыр нæ уыд. Æмæ та-иу уæд- дæр райсомражы фестад. Цынæхуызон чызджытæ уыд Заремæйы алыварс — бурхилтæ, саухилтæ, даргъдзыккутæ æмæ къуырддзыккутæ. Уайтагъд иууылдæр салам дæттын райдыдтой Дземысайæн. Иугай ныхæстæ дæр ма-иу æм скодтой. Бахудтысты-иу æм. Сæхи мадæлты мон- дагæн-иу æм кастысты хæрзаг. Мадæлтæн та се ’ппæтмæ дæр ис æнгæсдзинад, саухил уа æви бурхил, уæддæр. Цавæрфæнды æвза- гыл куы дзура, уæддæр. Дземыса ма сæ кæмæндæрты сæ нæмттæ дæр базыдта. Æна- хуыр нæмттæ. Йе ’взаг сæ тасгæ дæр нæ кодта. Æмæ-иу æм уæд диссаг фæкаст алыхуызон адæмы хъуыддаг. Иу зæххыл цæрынц, афтæмæй сæ алкæмæн дæр ис йæхи ’взаг, йæхи зæхх, æмæ адæй- магæн æндæр ран цыфæнды хорз куы уа, уæддæр йæ зæрдæ уырдæм тырндзæн. Æнæ уый йын ад никуы скæндзæн. Тепсарыхъо æмæ Дземыса сæ цард-цæрæнбонты сæхи адæмы ’хсæн фæцардысты. Сæхи ’взагыл дзырдтой, фæлæ уæддæр Дзе- мысайæн йæ зæрды цы зæгъын вæййы уырыссагау, уый дæр бамбарын кæны. Ныхæстæ бынтон раст нæ фæзæгъы, уым дис- сагæй цы ис? Дземысайы рæстæг ахуыр тынг кадджын нæ уыд адæмы цæсты. Чызгæн та ма йæ худинаг дæр хуыдтой, æмæ Дземыса дæр егъау чызг сси, уæддæр ма чындзытæй хъазыд, «цума»-мæ згъордта, æндæр æй ницæй мæт уыдис. Йæ чындзы- тæм æвналын искæй раз æфсæрмы кæнын куы райдыдта, уæд та-иу сæ цармæ схаста, æмæ-иу сæ уым равæрдта. Цалынмæ-иу æм исчи фæдзырдтаид, уæдмæ-иу ын æрхизæн нæ уыд. Æнцад бадыны бæсты, Дземыса чиныджы кæсын куы зыдта- ид, уæд йæхи ууыл ирхæфстаид, æмæ-иу, Заремæ цалынмæ фæ- стæмæ институтæй цыд, уæдмæ æнкъард нæ кодтаид. Фæлæ кæм! ...Иуахæмы бæстæ бæргæ стынг кодтой, æнахуыргонд адæм нæм куыннæуал уа, алчидæр чиныджы кæсын куыд базона, афтæ. Дземыса ног чындз уыд уыцы рæстæг, афтæмæй ахуырмæ цæ- уын райдыдта. Ликбезтæ сæ хуыдтой. ’Тынг зæрдæргьæвдæй ахуыр кодта, æвæдза, Дземыса, фæлæ искуы-иутæй фæстæмæ исты базоныныл ничи архайдта. Сыл- гоймæгтæ-иу, цыма бастæй феуæгъд сты, уыйау сæ ныхæстæ уæдмæ æрхастой. Уæд сæм цымæ цавæр ныхасаг уыд? Фæлæ 66
адæймаг йæхæдæг куы нæ бамбара, йæ хъуыддаджы апп, уæд ын æй йæ зонды тыххæй ничи бакæндзæн. Хъуыддаг гыццылгай ба- мынæг, æмæ Дземысайы ахуыр дæр ууыл фæцис. Уæддæр дам- гъæтæ йæ зæрдыл бадардта, æмæ-иу йæ размæ исты фыст куы фæци, уæд-иу æй дамгьæгай бакаст. Ныхас иу ирон æвзагыл куы разынд, уæд-иу æй бамбæрста, уырыссагау — уæд-иу фæфыдæн- хъæл. Тепсарыхъо дæр æрмæст дамгъæгай кæсын зыдта, æмæ-иу чиныг куы райста, йæ зæрдæмæ чи цыд, ахæм бынæттæ-иу дзы куы ссардта, уæд-иу ын æй бакаст. — Æз дæ хуызæн кæсын куы зонин, уæд чиныг цух нал суа- дзин, — зæгъгæ-иу бакодта ус дæр. Æмæ-иу Заремæ æмдзæрæны йæ чингуытимæ куы бадт, уæддæр та-иу йæхинымæр уыцы ны- хæстæ загъта: «Æз дæ хуызæн кæсын куы зонин...» 2 Заремæ фæлварæнтæ лæвæрд куы фæци, йæ чингуытæ ин- ститутмæ куы ахаста æмæ йе стъол афтидæй куы федта, уæд йæ зæрдæ фенкъард. Æмдзæрæнæй йæм цы дзаума уыд, уыдон ма ратдзæн, æмæ уал азы кæуыл сахуыр, уыцы ахуыргæнджытæ æмæ æмбæлттæй бынтондæр ахицæн уыдзæн. Фæлæ адæймаг иу бон кæм фæцæры, уый дæр ма йæ зæрдыл бадары. Заремæ та ам æцард фондз азы, æмæ дзы йæ зæрдæйы иу хай баззайдзæн. æ зæрдыл бадардзæн йе ’мбæлтты æмæ-иу сæ æрымысдзæн. Сæ хъæлæстæ сын-иу йæ хъустыл ауайын кæндзæн. Йæ зæр- дыл-иу æрлæудзæн, ахуыры азы райдайæн-иу; ын дзаумæттæ буц- дæр æвзæрст чи кодта, уыцы зæронд ус. Иæ дæндæгтæ хауд, цалдæр къæпсыры ма-иу, хæлд мæсыджы тигътау, йæ дзыхæй фæзындысты. Фыдуынд. Фæлæ йæ Заремæ уарзта, æмæ-иу æм дзæбæх сдзырдта. Йæ зæрдыл бадардзæн, иухатт æй цавæрдæр гæххæтт рай- сын куы хъуыд, уæд, æз йе ’фсымæр дæн, зæгъгæ, йæ бæсты йæ къух чи æрæвæрдта, уыцы лæппуйы. Афтæ куы нæ загътаид, уæд фехæлдаид ахсджиаг хъуыддаг æмæ йæ саразын къухы нал бафтыдаид. Уæдæй фæстæмæ йæм Заремæ хионы цæстæй каст. Æмæ йæ йæ сæр кæм бахъуыдаид, уым йæ уæлхъус æнæ ’рбалæ- угæ нæ фæуыдаид. Уæддæр та-иу «ныр дарддæр та цы?» — зæгъгæ, Заремæ йæхи бафарста. «Дарддæр та цы?» — Æнахуыр æм каст, йæ размæ, цæ- уын кæмæ хъуыд, ахæм хæс кæй нал уыд, уый. Йæ зæрдæ фæлва- рæнтæм нал æхсайдта. Никуыдæмуал тагъд кодта, фæлæ царды ахæм схизæнтæ бирæ ис, æмæ дзы алцыдæр цæйдæр райдайæн у, Заремæ уый нæма æмбæрста. Уымæн тыхст æбæрæг тыхстæй. 67
Хабармæ дæр никæцæйуал æнхъæлмæ каст, фæлæ уæддæр уынгæй æрбацæугæйæ стъолыл иунæг телы гæххæтт куы федта, уæд æм фæстæмæ фæзылд. Дземыса æмæ йе ’мбал чызг дæр фæлæууыдысты. Иунæг нæ уыд, ууыл куы нæ ахъуы^ы кодтаид Заремæ, уæд уыцы ран йæ зæрдæ бахъарм уыдаид. Иæ цæстысыгтæ уæддæр æркалдаиккой. Фæлæ иунæг нæ уыд, æмæ фæдур. Цæссыг бау- ромыны хъару йæм æнæнхъæлæджы разынд. Дземыса, хабар гæххæттыл куыд фыст уыд, афтæмæй куы базыдтаид, уæд, кæм лæууыд, уырдыгæй нал фезмæлыдаид. Уыцы ран фæуыдаид. Æмбал чызгæн дæр нæ уыд хабар зæгъæн. Заремæ йæм гæх- хæтт куы радтаид, æмæ дзы, цы фыст уыд, уый куы бакастаид, уæд йæ арм йæ уадулыл уæддæр авæрдтаид. Исты ныхас дзы сирвæзтаид, æмæ Дземыса хабары æцæгдзинад фембæрстаид. Уæддæр Заремæйы удаист цæсгоммæ йæ зæрдæ фехсайдта, æмæ йæм æмдзырд скодтой: — Цы кодтай? Заремæйы цæсгомыл цыма ихдон бакалдæуыд, уыйау ауазал. Цыдæр кæй æрцыд, уый иннæтæй дæр гуырысхойаг никæмæн- уал уыд, фæлæ Заремæйæ ныхас кæдмæ не схаудта?! Уæдмæ Дземысайы зæрдæ кæдæмты нæ ахæццæ. Йæ уæрджытæ адон сты. Йæ зæнгтæ йæ быны нал цыдысты. — Баба уæззау рынчын у. Ныртæккæ нæхимæ цæуæм, — загъта Заремæ. Цыма уыцы хабар йæхæдæг нæ аймысыд, фæлæ афтæ фыст гæххæтты уыд. Æмæ йæхицæн дæр фенцондæр ис. Йæхи ныхæстыл баууæндыд. Ау, уæдæ хъуамæ цы кодтаид йæ фыд? Заремæйы фæндыд дуар сæхгæнын æмæ фæндагыл æдыхст- дæрæй ацæуын, фæлæ Дземысайы афтæ нæ бафæндыд. Иу къуы- рийы размæ Тепсарыхъоимæ ныхас кодтой телефонæй, æмæ ма йын фæстæмæ дæр уый фæдзæхста: «Чызджы фæстæмæ цæуын куыд нал хъæуа, афтæ-иу бакæнут». Заремæ йæ агьуысты ницы æнхъæл уыди, фæлæ æртæйæ æмбырд кæнынмæ куы февнæлдтой, уæд сын рæстæг нал фаг кодта... ...Иу æвдæлон рæстæг сывæллæттæн стыр порти балхæдтой; зæххытæ æмæ йыл денджызты нывтæ. Дземыса уый дæр фелвæ- ста. Уæдæ йæм йæ гыццыл хуртæ цæмæ скастаиккой. Æппын- дæр сын мацы ахæсс. Фæлæ Заремæ гæххæтты гæбазæй цы ха- бар базыдта, уый уыцы бæлвырддзинæдтæм кæсынæн нæ бых- ста,1 портийыл ма уыдысты! Порти хызы мидæг уыд. Хызы кæрон та хъуамæ чумæданы хæцæнмæ баст уыдаид, хицæнæй хæссын æй куыд нæ хъуыдаид, афтæ. Фæлæ Заремæйы скъуырдæй порти дуары раз балæууыд, 68
æмæ Дземысамæ йæ чызг сонты хуызæн фæкаст. Цыма йæ мады ныхас нал æмбæрста. Ахæмæй йæ никуыма федта, æмæ йæ зæрдæ фехсайдта: «Кæд мæ исты сусæг кæны...» Поезд цыд иугæндзонæй. Куыд гæнæн уыд, афтæ тагъд, фæлæ адæймагмæ иу бон дыууæ боны дæргъæн куы фæкæсы, уæд æм æцæгдзинад нал фæхъары, æмæ Дземысамæ дæр афтæ каст, цыма поездæн æппындæр размæ не ’нтысы. Заремæ-иу аивæй тыргъмæ рацыд, фæлæ-иу мады раз, мæн- гæфсон кæмæн хъуыд, уыцы цæссыгтæ цыдæр фесты. Дземыса дæр-иу аджих: «Ау, уæдæ йæм цы разындаид? Уымæн мæ рарвыста, æмæ йæхæдæг карчы цъиуы хуызæн æрбарынчын уа? Кæд иунæгæй афæлмæцыд, æмæ, иухатт Заремæйы куыд фæсайдтам, мах дæр ныр афтæ фæсайдтой. ...Уыцы бон райсомæй астæуккаг чызг къæсæрыл алæууыд æмæ та мад æмæ фыды ныхасмæ байхъуыста. Заремæйæ, дам, писмо нæма ис. Ныр, дам, æнæхъæн къуыри. Цыма уый афтæ бирæ уыд. Æмæ сын сæ ныхасмæ загъта: — Кæд уæ чызг ам не ’рбалæууа, уæд ма-иу фæкæсут. — Мад æмæ фыд нæ бамбæрстой, афтæ цæмæн загъта, уый, фæлæ дык- каг бон Заремæ сæхимæ æцæг схæццæ. Æмæ уый дæр хорз фæуæд, фæлæ дæ цæст ахæм ныхæстæ ныффыссын бауарзæд. Адæймаджы уд афтæ ауайын кæн! Дæ хо, дам, уæззау рынчын у. Дæ ном, дам, ма дзуры... Хæдтæхæг уыцы изæр нал ратахт, æмæ бонмæ аэровагзалы бадгæ баззад. Изæрæй æртæ фæткъуыйы балхæдта, æмæ-иу уыдонæй йæ дзыхмæ схаста, фæлæ та-иу дзы йæ зæрдæ ском- дзаг кæнын нал бакуымдта. Кæд, мыййаг, йæ хо уыйбæрц тыхст у, æмæ йæ дзыхмæ хæринаг дæр нал исы, зæгъгæ. «Кæд нын Хуыцау уыцы фæсайд нæ ныббарста, æмæ махон уымæн æрсад. Уæдæ йыл цы ’рбамбæлдаид сонтæй? Уæвгæ, кæд нæлгоймаг хъаруйæ тыхджындæр у, уæддæр низы ныхмæ лæ- мæгъдæр у. Уайтагъд фæкæлы». Заремæ цы бон ссыд, уый изæр Тепсарыхъо дуар куы сæх- гæдта, уæд загъта: «Гъер та уал иу æхсæв æнæмæт уыдзыстæм. Нæ зæрдæ никæдæм æхсайдзæн». «Уæдæ дзы афтæ тынг дæр куы никуы ницы срызт, æмæ йæ уæззау рынчын рахоной. Къуырийы размæ дæр ма иумæ дзæбæх куы ныхас кодтам. Дæ зæрдæ, дам, мацæмæ æхсайæд. Чызгимæ, дам, иумæ ссæут. Лæджы тыххæй, зæгъы, ам ницы баззайдзæн. Дзæбæх рæстæг, дам, куы вæййы, уæд цæхæрадоны фæкусын. Уаргæ куы фæкæны, уæд та, дам, хуысгæ фæкæнын. Адæймаг дын ахæм ныхæстæ фæкæнæд, стæй, дам... Уæдæмæ цардыл æппындæр æууæнк нæй...» 69
3 Бирæ рæстæг дæр ма Заремæйæн йæ бон хæринагмæ бакæ- сын нæ уыд. ...Куы схæццæ сты æмæ иугыццыл сæ уд сæ мидæг куы æрцыд, уæд сæм æрхатыдысты: «Ахæрут-ма... Сæнæхъару уыдзыстут...» Цыма иууылдæр дзырд бакодтой. Сæ размæ кæй рацыдыс- ты, стæй та сын хæрын кæй кодтой, уымæй цыма бинонты раз адæм исты аххосджын уыдысты. Цыма уыдон рагацау дæр зыд- той, цы æрцæудзæн, уый, Заремæмæ афтæ каст. Вагзалы поездæй куы æрхызтысты, уæд сæм æртæйæ бацы- дысты. Сæ иуæй дæр цæстысыг не ’рхаудта, æмæ Заремæ бын- тондæр йæхи хъуыдытыл баууæндыд: рæдыдæй лæвæрд æрцыд ахæм тел. Æмæ сæм уæд йæхæдæг фæраздæр: — Куыд у? — Тыхстæй хъуаг нæу... Дземыса скуыдта. — Дзургæ дæр ницы кæны? — Ницы. Сæ размæ чи рацыд, уыдон загътой гæдыныхас, æви Заремæ бынтондæр йæхи хъуыдытыл баууæндыд, уый бæрæг нал уыд, æмæ та уымæй фæныфсджындæр, фæлæ уалынмæ машинæ сæхи тигъыл базылд... Хæдзар адæмæй куы æрсабыр, уæд-иу устытæ алы ныхæстæ кодтой. Мæрддзыгой, дам, хохæй куы рацæйцыдысты, уæд, дам, машинæ иу æруайæны йæхи нал баурæдта, æмæ, дам, ма, гыццыл бахъæуа, былæй ма ахауой. Фæлæ, дам, Тепсарыхъо цæйбæрц фæлмæнзæрдæ лæг уыд, уыйбæрц сыл уæддæр бацаудыдта. Цынæ-иу фехъуыстаид адæймаг уыдонæй! Сæ иу хабар ин- нæмæй диссагдæр. Дземыса сæм-иу хъуыста, æмæ-иу йæ зæрдæ цæмæйдæр ба- рухс. Ахæм хабæрттæ ма-иу раздæрты дæр фехъуыста, æмæ йæм- иу уæд уыйбæрц диссаг нæ фæкастысты, фæлæ уæд... Тепса- рыхъо куынæуал ис, уæдæй фæстæмæ-иу уыцы ныхæстæм хъус- гæйæ йæ зæрдæ цæуылдæр фæдардта. Фæндыд æй, мæрдты исты куы уаид, ууыл баууæндын. Уæд, искуы йæхæдæг куы амæла, уæд ма йæ фенид. Фæлæ, дам, адæм уым кæрæдзи нал фæзо- нынц. Нæ, нæ, Дземыса йæ йæ зæрдыл бадарид, æмæ ма йæм йæ цæстыдзагæй иу хатт уæддæр бакæсид. Цырагъыссудзын афон-иу æм афтæ каст, цыма дуар байгом уыдзæн, æмæ къæсæрыл Тепсарыхъо æрбахиздзæн. Кæнæ та кæд йæ фæлурс æнгæс искуы цæхæрадоны лæууыд, кæртмæ æнкъар- дæй каст, йæхæдæг-иу кæм архайдта, уыцы кæртмæ, йæ кусæн- дзаумæттæм, Дземысамæ. Фæлæ-иу Дземыса цæхæрадонмæ куы 70
рацыд, уæд-иу дымгæ бæлæсты ныллæг къалиутæ сабыр узта, æндæр дзы змæлæг нæ уыд. Дземыса-иу йæ цæст ахаста, Тепсарыхъойы кусæнгæрзтæ æфснайдæй кæм лæууыдысты, уыцы асыккыл. Адæймаг нал ис, æмæ уыдон дæр лæууынц. Искуы йын йæ дзаумæттæй искæ- цыйæ афтæ куы загътаид, уый æмбай фæцæр, зæгьгæ, уæд æм æлгъысты хуызæн фæкастаид. Фæлæ ныр... Йæ зонгæ адæмæй ацы кусæнгæрзтæй арæзт дзаума кæмæн нæ ныууагъта, ахæмтæ бирæ нæ уыд. Æмæ уыцы дзаумæттæм кæсгæйæ, Дземысамæ цы хъуыдытæ фæзынд, уыдон тадысты. Тепсарыхъойæн йе ’нæуд æндæрг нæ, фæлæ йæ сурæт, царды куыд уыдис, афтæмæй лæууыд Дземысайы раз: бæрзонд, уæнг- джынтæ, стыркъух лæг. Æмæ Дземысайы сæры æндæр хъуыды фæзынд. Сарамæ ауад, æмæ, йæ мойы кусæндзаумæттæ кæм æвæрд уыдысты, уыцы чырыны сæр байгом кодта. Никуы сæм никæй бауагъта бавналын дæр, цыма сыл Тепсарыхъойы къухты хъарм баззад, æмæ æндæр адæймаджы бандзæвдæй уыцы хъарм фесæфдзæн, уыйау. Цыма сæ æнæискæй бавнæлдæй куы бахъахъ- хъæна, уæд та Тапсарыхъойæн уымæй дæр исты пайда уыдзæн. Фæлæ уыцы хъуыды дæр атад, сылгоймæгты ныхæстæй цы уазал æндæрджы æрбацыдыл баууæндыд, уыйау, æмæ йæхицæн загъ- та: «Изæры мæ хуртæй исчи куы ’рбацæуа, уæд ын сæ йæ къухы бакæндзынæн. Уадз æмæ сæ кусой. Кæд мæрдты исты ис, уæд махонæн дæр æхсызгон уыдзæн. Уый-иу сæм сæ йæхæдæг дæр лæвæрдта: уадз æмæ, дам, ахуыр кæной... 1974 аз МÆ ГЫЦЦЫЛ ХÆСТÆГ Хæдзаргæс-иу бон-изæрмæ уыдыстæм æз æмæ Рохсанæ. Æз сывæллон нал дæн. Рохсанæ та нырма гыццыл чызг у. Æз дæр, цы хæдзары цæрæм, уыдон хæстæг къабаз, Рохсанæ дæр — сæ хæрæфырт. Гыццыл тæнтъихæг чызг. Мæнæн кæдæй-уæдæй бан- тыст ацы хъæумæ æрцæуын. Рохсанæ та дзы алы сæрд дæр вæййы. Хорз зоны, хæдзары кæцы дзаума кæм æвæрд ис, æрмæст уый нæ, фæлæ, йæ фыдымадмæ цал карчы цъиуы ис, уый дæр. Уынджы сывæллæттæй чи цы хуыйны, уый дæр. Цыбырдзыр- дæй, Рохсанæ ам æцæгæлон нæ уыд. Бон ныл суанг изæрмæ цыд иумæ, æрмæст Рохсанæйыл — æдде, уынджы, мæныл та — тыргъы æмæ кæрты бадгæйæ, нæфæраз- гæйæ. Æнæ Рохсанæйы æххуысæй мæ бон ницы бакæнын уыд, 71
æмæ-иу бинонтæй алчи йæ хъуыддаджы сæрыл æрлæууынмæ куы цыдис, уæд мæ-иу ууыл бафæдзæхстой, фæлæ-иу Рохсанæ иугæр дуарæй федде уæд, æндæр æй цæст нал æрцахстаид. Цалынмæ-иу йæ фаг фæхъазыдаид, уæдмæ-иу мæм нал æрбакаст, æмæ-иу æм мæсты кодтон, фæлæ цы мæ бон уыд? Фæрæзтон. Рохсанæйæ-иу хæдзар æмæ æз ферох стæм, уый — иу, фæлæ иугæр хъуыддагмæ бавнæлдта, уæд уый та кодта бæстон, цæст ыл нæ хæцыд, афтæ цырд. Æцæг уый арæх нæ уыд. Рох-иу æй фес- ты, æви-иу зивæг кодта — кæртæй-иу куы ахызт, уæд-иу бæстæ дæр уый бацис, æмæ-иу цыма цины фурды бахаудта, уыйау-иу йæ чысыл рæуджыты дзаг сулæфыд. Кæцырдæм фæраст уа, ууыл- иу, дуармæ нæма ахæццæ, афтæ ахъуыды кодта æмæ-иу фæзылд кæнæ уæлæмæ, кæнæ дæлæмæ. Йе ’мбæлттæй-иу искæуыл ам- бæлдæй сæххæст йæ цин, æви сыхæгты дуармæ цы стыр тута бæлас уыди, уый уæлæ балæудæй, уымæй йын уæлдай нæ уыд. Рæстæгæй-рæстæгмæ мæм-иу уынгæй æрбайхъуыст, чидæр-иу Рохсанæмæ йæ номæй куыд дзырдта, уый, æмæ-иу уый руаджы бамбæрстон, Рохсанæйыл акæсгæйæ цæст кæй æрхæцдзæн, хæ- дзармæ хæстæг кæй хъазы, уый. Æрмæст йæхи хъæр, йæхи худын иннæтау никæцæй цыдис. Иннæтæ цæмæй хъазынц, уый дæр ма-иу бамбæрстон, æддæмæ нæ акæсгæйæ, сæ ныхасæй сæ хъæлæбайæ, фæлæ, æппын Рохсанæ цы куыста, уый бамбарæн нæ уыд. Уæвгæ, искуы æнцад слæууыд, уый зæгъæн дæр нæ уыд. Цы иугай ны- хæстæ иу æм скодтой, уыдонæй бæрæг уыд — хъазæг æмбал у. Рохсанæмæ-иу, æрæгмæ кæй цыди, уый тыххæй куы смæсты дæн, уæд-иу мæ фæндыд сзагъд æм кæнон, æнæрхъуыды йæ рахонон, фæлæ-иу иугæр куы ’рбацыд, уæд та-иу, мæхæдæг мæ- хиуыл куыд фæдис кодтон, афтæ мæ ныхæстæ рауадысты æрмæ- стдæр маст ссæуыны фаг. Мæ хъæлæс дæр-иу рауад, цæйбæрц æм-иу смæсты дæн, уыйбæрц тызмæг нæ, фæлæ, цæуыл дзурын, уый куыд бамбæрстаид, афтæ фæлмæн. Рохсанæ мæм-иу æппын- дæр ницы сдзырдта, фæлæ йемæ цæуыл дзурын, уый кæй æмба- ры, уый бæрæг уыд ныхы сæрмæ цæхгæрмæ къуырд дзыккутæ æрфгуыты онг кæм æрхæццæ сты, уыдон бынæй цы дыууæ ирд цæсты зынд, уыдонæй. Разы-иу уыд мæ уайдзæфыл, æмæ-иу мæн дæр, кæй мæ æмбæрста, уымæй уæлдай ницы хъуыд. Фæлæ- иу æмбаргæ куыд хорз бакодта ныхас, рох дæр-иу æй афтæ тагъд фæцис. Кулдуарæй-иу куыд ахызт, уый-иу уынгæ дæр нал фæ- кодтон, æмæ-иу уæд мæхицæн ахъуыды кодтон: «Хорз, æмæ иунæ- гæй тыхсаг нæ дæн, æндæр цы уыдаин афтæмæй бон-изæрмæ?» Куыдфæстæмæ мæ хъаст бинонтæн кæнын райдыдтон, æмæ-иу уыдон ныхæстæ дæр Рохсанæйæн мæ ныхæсты хуызæн рауадыс- ты, фæлмæн, адæймаг цæмæй фæсмон ма фæкæна, афтæ йын цæ- мæн загътон, зæгъгæ, уымæн æгъгъæд чи уыд, ахæм ныхæстæ. Æз 72
кæуыл сахуыр дæн, ахæм æнгæс та-иу фæзынд Рохсанæйы цæсго- мыл, æмæ-иу сæ кæй бамбæрста, ууыл гуырысхо нал кодтой. Фæлæ Рохсанæ нæ ивта, æмæ йæм уæд зæрдиагæй хæрам кæнын райдыд- тон. Фæндыди-иу мæ тынг ын бауайдзæф кæнын, фæлæ мын уый бакæнынæн бар чи нæ лæвæрдта, уыди ахæм æфсæнттæ дæр: фыццаджыдæр, уый, æмæ Рохсанæимæ фыццаг хатт сæм- бæлдыстæм ацы хæдзары, стæй уый нæ, уæддæр мæ бон нæ бауыдаид ацы гыццыл чызгмæ тызмæгдæр уыдаин — тынг æмбаргæ æнгæс ын уыд, æмæ мæ нæ фæндыд йæ зæрдæхудты бацæуын. Фæлæ уæд йæхæдæг цæуылнæ тарст мæ зæрдæхудтæй? Рохсанæ æмбаргæ кæй у æмæ зæрдæйы уаг хорз кæй æнкъа- ры, уый ма бамбæрстон ноджыдæр иучысыл цауæй. Иуизæр бирæ фæархайдта сарайы къуымы. Æз ын йæ хъа- зæнтимæ архайын æнхъæл уыдтæн — уыцы афон фæхуыссын кæны йæ чындзыты — æмæ йæм мæ хъус ницы æрдардтон, тыр- гъы бадгæйæ кастæн арвмæ, цыма та, зæгъын, райсом дæр тæвд бон уыдзæн æви арвы асæсты нысантæ фæзынд. Фæлæ арв иннæ изæртау уыд сыгъдæг, æмæ-иу, цæст бæлвырд куынæуал фæир- тасы алцы, уыцы афон цы уддзæф æрбакæлы, уый зæрдæлхæ- нæгау хъуырыл атыхст. Афтæ, мæхи хъуыдыты уæвгæйæ, Рох- санæ мæ разы куыд февзæрд, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон. Алкæмæн зæгъын кæй нæ фæфæнды адæймаджы, ахæм хъуыд- даг мæныл баууæндыд, æмæ мын уый æхсызгон уыд. Цыдæр хъармад дæ зæрдæйы ма дар адæймагмæ, уæд æм зæрдæ райха- лæн нæй, ууыл ахъуыды кодтон. — Мæнмæ гыццыл къæбыла ис. — Кæм? — фæдис кодтон æз. Иуæй, ууыл, æмæ йæм кæд къæбыла ис, уæд æй æз куыд нæ федтон, иннæмæй та, мæн дæр фæндыд къæбылайы фенын, æмæ уыцы сонт афарстæй мæхимæ фæкастæн Рохсанæйы хуызæн карæй дæр æмæ асæй дæр. — Дæлæ чыргъæды. — Рохсанæ сусæгхуызæй загъта йæ ны- хæстæ, уый дæр бамбæрстон — хæдзары бинонтæ куыдз æмæ гæды æмгæрон нæ уагътой. Цъиуты, дам, фæхъыгдарынц, æндæр, дам, цы пайда сты. Æмæ мын Рохсанæ цыма мæ хъуыдытæ бам- бæрста, уыйау загъта: — Уый ма цъиуты хъахъхъæнгæ дæр кæнид... — Куы нæ дын сразы уой... — загътон æз, фæлæ хъуыддаг дæр уый мидæг уыд, æмæ Рохсанæ дæр йæ ныхас мæнæн уый тыххæй ракодта. Æмæ бинонтимæ ныхас кæнгæйæ мæ архайдæй куы ницы уад, уæд æз дæр Рохсанæйы ныхæстæ лæгъстæ æмхæц- цæйæ загътон: — Уый ма цъиуты хъахъхъæнгæ дæр кæнид, — æмæ сын уæд уый худæджы хос фæцис, сæхи мыл схастой, ды та уымæй гыц- цылдæр, зæгъгæ, æмæ уæлдай ничиуал ницы загъта. 73
Æз æнхъæлдтон, æмæ Рохсанæйæн йæ къæбыла куы ’рбауа- дзын кодтон, уыцы бонæй фæстæмæ æргомзæрдæйæ баззайдзæн мæнимæ, фæлæ та уымæй фæстæмæ дæр Рохсанæ уыд, иннæ бонты куыд уыд, афтæ: ацыд-иу æмæ-иу сахатгай мидæмæ нал æрбакаст. Йæ ныхас ын нæ хъуыстон. Куы-иу æрбацыд, уæд та- иу ын æз дæр мæ ныхæстæ загътон — мæ бон бакæнын кæй нæ уыд, уыцы митæ мын куыд сбирæ сты, æмæ æппынфæстаг фæ- хъуыды кодтон: Рохсанæйы мадзура, стæй ма мæн æмæ бинонты ныхæстæй равзæрд, мæхи бон кæуыл нæ цыд, йæ равзæрдмæ мæхæдæг мæсты кæмæн кодтон, ахæм æцæгдзинад. Рохсанæ-иу уынгмæ ахизгæйæ банкъардта, адæймаг æнтæф бон доны баленк- гæнгæйæ цы æхсызгондзинад банкъары, ахæм æхсызгондзинад. Кæд-иу æм смæсты дæн, уæддæр мæхи æнæхъаруйы тыххæй, æмæ мæ фæндыд æви нæ, уæддæр зæрдæйæ æнæ ныххатыр- гæнгæ нæ уыд Рохсанæйæн йæ хивæнд. Мæ гыццыл хæстæг уыд, йæхи бон дæр кæуыл нæ цыд, ахæм тырнындзинады уацары. Уымæн-иу дзы æрбайрох сты мæ ныхæстæ, бинонты фæдзæхст, мæнæн куыд æххуыс кæна, уый тыххæй, æмæ ма-иу йæ сæр «хорз», зæгъгæ, кæй батылдта, уый. Рохсанæ йæ чысыл зæр- дæйæ уарзта цард æмæ йын йæ уылæнмæ йæхи æппæрста. 1976 аз УЫЙ ХАДЗЫСМЕЛ УЫД 1 Искуы ма Хадзысмелыл сæмбæлдзынæн, уый æнхъæл та чи уыдис! Æмæ-иу рагацау мæ цæстытыл ауад: йæ къух мæм рат- дзæн, цы зæгъа, уый йæ дзыхы нал абаддзæн, æмæ мæ разы зылынджыны лæуд æркæндзæн. Æз ын, цы зæгъинаг дæн, уыдон зæгъдзынæн, уый та мæм хъуамæ иунæг дзырд дæр ма скæна: æнцад лæууа æмæ хъуса. Æмæ уыдон иууылдæр хорз, фæлæ, горæтæй иу сахат цыд кæмæ ис, уыцы хъæутæй йыл иуы сæмбæлдзынæн, уый æнхъæл та чи уыдис — ацы хъæуы хуызæн цæттæйæ, дам, ничи сæмбæлд уалдзæгыл. Колхозы сæрдар фæдзырдта агрономмæ, æмæ уый Хадзыс- мел куы разынид. Мæнæ, дам, нæм газетæй уазджытæ æрцыд. Хадзысмел нын нæ къухтæ райста, æмæ сæрдары фарсмæ бандоныл æрбадт. Хуыздæр колхозонты нæмттæ-иу сдзырдтой. Сæ куысты хабæрттæ нын кодтой. 74
Æз Хъадзысмелæн мæ ныхæстæ зæгъын не сфæрæзтон, ме ’взаг мæ дзыхы нал тасыд, фæлæ дзы мæ цæстытæ нал истон. Дзурыны фадат мын нæ уыд, æмæ та мæ зæрдыл Афассæйы фыстæг æрбалæууыд... 2 ...Фараст азы размæ æз цыдтæн ахуырмæ æмæ ма фæстæмæ дæр Афассæйæн уый фæдзæхстон: мæ мад æмæ йæ мæ фыды дзæбæхдзинад куы фæнда, уæд иу сæ абæрæг кæнæд. Сæ разы- иу иунæг сахат абадæд. Мæ ныййарджытæ-иу ыл йæхи мад æмæ фыдау баузæлдзысты. Афассæйы раз сæхицæн адджын хæринаг не схæлар кæндзысты. Æфсæрмы сæм ма кæнæд, æндæр æй нæ хæдзары цы бахъæуа æмæ йын цы бавгъау кæндзысты! Уыцы ныхæстæй мæм Афассæ фæхæрам. Æмæ раст дæр куыд нæ уыд: ме ’мбалæн уыдæттæ фæдзæхсын хъуыд? Райсом цæудзынæн, зæгъгæ, нæм уыцы изæр та Хадзысме- лимæ æрбацыдысты. Æртæйæ балкъонмæ рацыдыстæм. Нæ аком- коммæ æнæсыф бæлæстæ лæууыдысты æдзæмæй, къалиуты ас- тæуæй та нæм æвзонг мæй зынд. Ног мæй куы фенай, уæд, дам, дæхинымæр, цавæр фæндоны сæххæст дæ фæнда, уый зæгъ, æмæ йын уæд æнæрцæугæ нæй. Æмæ нæ уæд исчи æцæг йæхинымæр истæуыл ахъуыды кодта æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ мæ хъустыл ауад: — Ацы изæр уæ зæрдыл бадарут... Афассæимæ-иу скъолайæ куы рацыдыстæм, уæд нæ-иу цыма ницы хъуыддаг уыд, уыйау-иу уынгты æнæмæт цыд ракодтам. Уыди нын уарзон æрлæууæн бынæттæ, уарзон бандæттæ, æмæ- иу уыцы рæтты кæрæдзийæн нæ ныхæстæ кодтам. Афтæмæй нæм рауад фыццаг хатт Хадзысмелы кой дæр; æнæнхъæлæджы не ’хсæн æртыккаг адæймаг фæзынд. Æнæзынгæйæ-иу æрбалæу- уыд æмæ-иу нын нæ ныхас йæхимæ айста. Æз уыдтæн лæмбынæг хъусæг, Афассæ — дзурæг. Афтæ- мæй-иу Хъадзысмел нæ дыууæйы цæстытыл дæр ауад. Афассæ цы уыд, уымæй иууылдæр цин фестад, Хадзысмелы кой ракæ- нынæй хуыздæр ын мацыуал ратт. Æз дæр иу æм хъуыстон, уæдæ цы кодтаин? Цы фау æм æрхастаин? Æмæ æниу æз Ха- дзысмелмæ исты аипп куы раиртæстаин, уæд дæр Афассæ мæ ныхасмæ нæ байхъуыстаид. Фæлтау не ’хсæн сæрсæфæн был равзæрдаид, æмæ кæрæдзийæ бынтондæр ахицæн уыдаиккам. Ахæм у уарзæг адæймаджы зæрдæ: æууæнкджын, йæхицæн кæй сныв кæны, ууыл, æмæ хивæнд. Афассæ дæр хъуыста йæхи зæрдæмæ. Æууæндыд æрмæстдæр йæхи зæрдæйыл. Æмæ йыл æз дæр цин кодтон. Кувын нæ зонын, фæлæ-иу мæ зæрдæйæ 75
цы ныхæстæ ссыд, уыдон загътон: «О Хуыцау, баххуыс кæн ме ’мбалæн!» Афассæ хорз хъуыды кодта, Хадзысмел æм фыццаг хатт куы сдзырдта, уыцы бон. Комкоммæ йæм чызджыты ’хсæнмæ бацыд æмæ йæм цыдæр æфсонæй сдзырдта. Æмæ уый фæцыд Афас- сæйы зæрдæмæ. Чызг, чи зоны, æмæ Хадзысмелимæ дæр мадзу- ра разындаид, фæлæ йæ ныхæстæм хи къуырма скæнæн нæ уыд. Афассæйы цæстæнгасы цæмæй æфсæрмдзаст мидбылхудт фæ- зына, лæппу ахæмæй ницы загъта. Чызджыты лымæндзинад, дам, цалынмæ сын царды æмбæлттæ фæвæййы, уæдмæ хæссы, фæзæгъынц, æмæ æз разы уыдтæн Хадзысмелы тыххæй иуварс æрлæууыныл. Æмæ лæугæ дæр æркодтон. Фæлæ сæм иуварсæй æнæистыдзургæйæ мæ цæст дардтон... 3 Нæ фысымтæн «хæрзбон» загътам, æмæ та дыккаг хатт Ха- дзысмелы къух райстон. Фæлæ диссаг! Уый цыма, æз кæй зыд- тон, уыцы Хадзысмел нæ уыд. Мæ размæ лæууыд, æппындæр бахудын чи нæ зоны, ахæм лæппулæг. Цыма, иу ныхас куы скæ- на, æмæ йæ зæрдæйы дуар куы фегом уа, уымæй тарст. «Кæд, мыййаг, Хадзысмел нæу, — дызæрдыг кодтон мæхими- дæг, — ацы адæймагæн Хадзысмелимæ иумæйагæй ницы ис». — Фæлæ уый Хадзысмел уыд. Аууонау ивддзаг фæуæн кæмæн нæй, ахæм цыдæр баззад йæ æнгасы, æртæйæ нæ зæрдыл кæй бадард- там, уыцы изæрæй. ...Афассæйыл цыдæр æрцыд, уый йын йæ фыстæджыты раир- тæстон. Институты лекцитæй йæ сæрмæ ницыуал цыд. Ахуыр æй нал фæндыд, фæлæ мын йе ’фсон æргом нæ дзырдта. Цыдæр мæ сусæг кодта, Хадзысмелы кой йæм арæх нал уыд. Тагъддæр куы ссæуин, уый йæ фæндыдис. Уæд, дам, нæ фаг фæбадиккам. Иæ фыстæджытæ дæр уыдысты иу иннæйы хуызæн, æмхуызон хъуыдытау æнгæс ныхæстæ: «Дуне, ме ’нкъарддзинадæй знон хъæумæ фæлыгъдтæн, Дзе- рассæмæ. Хъуыды ма кæныс, мæ лымæн ахуыргæнæджы кой дын куы кодтон. Фæлæ мын уыцы ацыд дæр нæ феххуыс и. Ныртæккæ ссыдтæн æмæ дæумæ фыссыныл æрбадтæн...» Стæй та: «Дуне, кæй ныхъхъус дæн, уый тыххæй дæ хатыр дæр нæ кур^ш. Мæнæ та абон мæ зæрдæ фæрухсдæр, æмæ дæм фыссын. Тынг зын у, адæймаг йæхицæй тынгдæр кæуыл æууæнды, уый æууæнчы аккаг куы нæ разыны, уæд. Хъуыддаг æрмæст уыцы адæймагæн йæхиуыл нæ баззайы, фæлæ иннæтыл дæр нал феу- 76
уæнды. Мæнæн дæр рафæлдæхт, Дуне, мæ царды мын чи æххуыс кодта, куыстмæ мæ-иу чи бавналын кодта, уыцы стыр æууæнк... Нæ зонын, æз æмæ дæуæй амондджындæр чи уыдзæн, уый. Æвæццæгæн, Дуне, ды!» Фæстаг фыстæг куы райстон æмæ йæ куы бакастæн, уæд мæ зæрдæ иу хъуыддагмæ фехсайдта... Айразмæ, сæрды ма нæхимæ куы уыдтæн, уæд немæ скъо- лайы чи ахуыр кодта, уыцы чызджытæй иу — Симæимæ педаго- гон училищейы æмдзæрæнмæ бацыдтæн. Мидæмæ.куыд бахыз- тыстæм, афтæ сын сæ дуар чидæр æрбахоста. Йæхæдæг нæма ’рбахызт, афтæ нæм йæ худын æрбайхъуыст. Тыппыррус, сырх- дзæсгом чызг мæм худæндзастæй каст. Симæ нæ базонгæ кодта. Афассæйы æмбалæй мæ бацамыдта, æмæ мæм чызг бæлвырддæр бакаст. Цыма æз дæр куы бахудтаин, уæд ын, кæй^урæдта, уыцы худындзæджы фемæхсынæн æфсон фæуыдаид. Иæ къухы цы тæнæг сæрбæттæн æрбахаста, уый-иу куы йæ сæрыл абаста, куы та-иу æй фæстæмæ айхæлдта. Чызг куы ацыд, уæд Симæйы бафарстон, Афассæйы цæмæй зоны, уымæй. — Афассæйы уарзон Хадзысмел хуыйны, æнхъæлдæн, уыимæ æмбæлынц... Ам дæр арæх вæййы лæппу. Симæ нæ дыууæ Афассæйæн хуымæтæг зонгæ нæ уыд, — иу ран схъомыл стæм, иумæ бацыдыстæм скъоламæ, стæй мах го- рæтмæ раивтам, Афассæ та — æндæр хъæумæ. Æрмæст та, скъо- ла куы фæцис, дарддæр цы хъуыддагыл æрлæууа, адæймаг ууыл куы асагъæс кæны, уыцы кармæ куы схæццæ стæм, уæд та горæ- ты баиу стæм. Фыццаг мæм афтæ каст, цыма нæ сабидугæн уæды зондимæ абаргæйæ иумæйагæй куыд ницыуал уыд, мах дæр кæ- рæдзийæ афтæ адард стæм. Фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауайы. Азтæ уадзынц фæд адæймаджы зæрдæйы, æмæ мах зæрдæйы дæр баззад, кæддæр куыд лымæн уыдыстæм, æнæ кæрæдзийы куыд нæ фæрæзтам, уыцы лымæндзинады мысинаг, æмæ та нын кæрæдзийæ зынаргъдæр ничиуал уыд. — Æз Хадзысмелæн бауайдзæф кæнынмæ хъавыдтæн, фæлæ йæ мæ сæрмæ нал схастон. Хæрзаг ма зæгъа... — бакодта Симæ. Мæнæн мæ цæстытыл Афассæ ауад. Дурзæрдæ никуы уыд, фæлæ йæ зæрдæмæ ныккæсын никæй уагъта. Афассæ æмæ уыцы чызг — иугыццыл æмхуызондзинад кæмæ нæй, ахæм дыууæ адæй- маджы, æмæ Хадзысмел цалфæнды уарзоны дæр скæнæд, æрмæст хъуамæ се ’хсæн Афассæйы ном ма уа; уый хъуамæ иу адæймаджы зæрдæйы цæра... — скарстон мæхинымæр, æмæ хъуамæ Афассæйæн исты загътаин, фæлæ йæ æртæ боны нæ федтон, — куы йæ федтон, уæдмæ та мæ маст ссыд. Ницыуал ын загътон. Кæд гæдыныхæстæ кæны уыцы чызг, кæд Симæ Афассæйы æмбал у, уый базыдта, 77
æмæ йæ мæстæймары, уæд та? Чи зоны, æмæ йæм Хадзысмел дзæ- бæх сдзырдта, æмæ йæ уый та æндæрырдæм бамбæрста... Ахуырмæ ацæуыны размæ Симæйæн «хæрзбон» зæгъынмæ бацыдтæн. Симæ мæ фæстæ кæртмæ куы рацыд, уæд иу бандо- ныл æрбадтыстæм. — Далæ та Хадзысмел уыцы чызгимæ æрбацæуы, — мæ цон- гыл мын фæхæцыд Симæ. Хадзысмел нæм æцæг æрбаввахс æртæ чызгимæ. Симæимæ цы чызджы федтон, уый цыд йæ фарсмæ. Куы-иу Хадзысмелы хъазæгау ассыдта, куы та-иу ын йæ цонгыл æрзæбул, æмæ æз мæхæдæг, Хадзысмелæн æнæбары йæ сусæгдзинад кæй базыдтон, уымæй фефсæрмы дæн. Мæ зæрдыл æрбалæууыд кæддæры изæр. Уый уæд Хадзысмел загъта: «Ацы изæр уæ зæрдыл бадарут». Æз уæд нæма зыдтон, Афассæйы зæрдæйы дæр иу ахæм маст бацыд, уый... ...Мит уарыд стыр тъыфылæй. Бæлæсты къалиутæ æрæмбæр- зта. Афассæ йæм кæсæндоны рудзынгæй каст, æмæ йæ бафæн- ’ дыд уынгмæ ахизын. Сæхимæ цæуын афон дæр уыдис. Аст саха- ты. Афонмæ та йæ мад дуармæ рацу-бацу кæны. Æнцад не ’рбад- таид мидæгæй, цалынмæ Афассæ фæзындаид, уæдмæ. Куыддæр Афассæ дуарæй уынгмæ ракаст, афтæ йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта: йæ акомкоммæ, тротуары ныххизæны лæу- уыд Хадзысмел. Цавæрдæр чызгимæ кæрæдзи къухтыл хæцы- дысты. Чызгæн цыма йæ русты къафеттæ уыдис, афтæ тыппыр фæкастысты Афассæмæ. Иунæг уысм сæм фæкаст, хъуыдытæ æнахуыр тагъд азгъорд- той йæ сæры; хъавыд фæстæмæ, кæсæндонмæ фездæхынмæ, фæлæ цæмæн, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта æмæ загъта: «Цæ- мæн!..» Æмæ сæ цыма уынгæ дæр нæ фæкодта, афтæ миты араст. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, иу ахæм изæр æртæйæ горæты стыр уынджы куыд цыдыстæм, уый. Ногуард мит кæрæдзийыл æппæр- стам. Мит къуыбар кæнын нæма куымдта, æмæ-иу адæймагмæ нæ бахæццæ, афтæмæй æрызгъæлд. Хадзысмел-иу Афассæйы къухыл фæхæцыд æмæ-иу æй размæ аскъæфта. Æз ме ’мбалы уæдæй хъæлдзæгдæрæй никуыма федтон. Афассæйы цæстытыл ауад: уынгмæ куы рахызт, уæд Хадзыс- мел чызджы къух куыд суагъта, хъæрдæрæй куыд сдзырдта, уый. Цыма уымæй йæхи Афассæйы цæсты сраст кæнынмæ хъавыд. Ницы йæм сдзырдта, адæймаг æнæзонгæмæ куыд не сдзуры, афтæ. «Алчидæр хъуамæ йæхи раз дæтта дзуапп йæ хъуыддæгтæн. Искгёмæн ис гæдыныхас зæгъæн дæр, фæлæ йын йæхицæй фæ- лидзæн нæй, комдзог ыл рацæудзысты йæ цæстытæ, йæ ныхæстæ, йæ алы фæзылд» — ахъуыды кодта Афассæ. Уынджы бирæ адæм уыд. Ахæм миты цу æмæ цу. Цыма ар- 78
гьæутты бæстæйы дæ. Чидæр йæхи Афассæйыл æнæбары скъуыр- дта. Кæрæдзийæ хатыр ракуырдтой. «Адæймаг адæймаджы æнæ- бары куы бахъыгдары, уæд дзы хатыр ракуры. Хадзысмел та? Æнæбары мын фæриссын кодта уый дæр мæ зæрдæ, æви?..» ...Иу Ногбон æхсæв дæр ма раст ахæм мит уарыд... Иууылдæр нæ нуазæнтæ систам. Кæрæдзийы нуазæнтæм сæ бахастам. Æз джихауæй аззадтæн; стъолы алыварс цы адæм лæууыд, уыдоны ’хсæнты Хадзысмелы къух лæгæрста Афассæйы нуа- зæнмæ. Афассæ йæ бамбæрста, æмæ йæм уый дæр атындзыдта. Афассæ уымæй размæ Хадзысмелмæ комкоммæ никуыма ба- каст, æмæ æз бахудтæн, мæнæй дарддæр ничи федта уарзæтты æгомыг ныхас... Цалдæр мæйы фæстæ райстон Афассæйы фыстæг. Алы хатт дæр- иу мæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ фæстаг ныхæстæ. Цыма мæм фыстæг нæ, фæлæ тел рарвыста. Уазал æмæ скъуыддзаг ныхæстæ: «Тагъд чындзы цæуын, Дуне... Хадзысмелмæ нæ... Чындзæх- сæвы фæстæ Цæгатмæ цæуæм...» Хатт иу мæ фæсмон йæ уæлныхты систа. Цæуылнæ йын загъ- тон афоныл, Хадзысмелæй цы зыдтон, уый. Цы хъуыддаг мæ уыд искæй хабæрттæ сусæг кæнынмæ? Кæд Хадзысмел дæр ницы зылын у, мыййаг. Кæд сæ искæй баххуыс хъуыдис. Стæй та-иу хъуыддаг рæстæджы бар бакодтон: «Рæстæг! Ды æппæтæн дæр дæсны тæрхонгæнæг дæ. Рабæрæг кæныс раст æмæ фыдæх...» 1969 аз АМОНД 1 Кæдæй-уæдæй Чабæхан куыстмæ нæ тагьд кæны. Нæ цæуы куыстмæ райсом дæр æмæ ма ноджы иу цалдæр боны. Не ’рба- цæудзæн, уый йе ’мкусджытæ дæр зонынц. Иннæ боны сын се ’рбацыдмæ кæй æрцæттæ кæны, уыцы кусæндзаума рæвдз куы нæ разына, уæд фыццаг фæджих уыдзысты. Чабæхан афоныл æрцæттæ кæны алцыдæр, стæй та сæ зæрдыл æрбалæудзæн, Чабæхан абон не ’рбацæудзæн, уый. Чабæхан йе ’мкусджытæй барджындæрхуыз вæййы йæ куыс- ты. Цыма иуылдæр уым рæстæгмæ кусынц,» Чабæханæн та йæ иугæндзон бынат у. Цыма йæ цардæмбал дард фæндагыл ацыд, фæстæмæ нал æрыздæхт, æмæ йæ зынаргъ мысинæгтимæ баст у. Йæ иу кæронæй йе ’ннæ кæронмæ куы ацæуай, уæд дзы ба- 79
фæллайдзынæ — рынчындоны уыцы стыр кæрты иу къуымы ис Чабæханы куыст. Иуварсæй бакæсгæйæ афтæ зыны, Чабæхан æмæ йе ’мбæлтты куыст аиуварс кæн, уæд рынчындоныл зынгæ дæр нæ фæкодтаид. Æппындæр ницы ’рцыдаид. Сты, не сты, уый цыма нымады дæр никæмæ у. Фæлæ уый афтæ нæу. Чабæхан ардæм кусынмæ куы æрбацыд, уæд хуымæтæг фæн- даг дæр нæ уыд ацы къуыммæ. Кæрт астссуæй асфальтгонд уыд, ам та сæ цыма йæ ралæгъз кæнын рох фæци. Кæртмæрзæг дзы цалдæр дуры æрæвæрдта, къахæлгътыл лæугæйæ сыл бахизæн куыд уыдаид, афтæ. Уый дæр кæронмæ нæ, фæлæ йæ уисой æмæ быронкалæн æвæрд кæм уыдысты, уыйонг. Фæлæ Чабæ- хан сахуыр уыцы фæндагыл дæр, æмæ йæм куы азылдысты, уæд ма йæм афтæ дæр фæкаст, цыма йын цыдæр нал фаг кодта. Къæвда бон-иу дуртыл багæппытæ кодта, æмæ асфальт кæй нæу, уый никуы бафиппайдта. Нæ фæлæ ма-иу ын уыцы чысыл зæх- хы гæбаз йæ зæрдыл хъæу æрлæууын кодта. Кæддæрæй-кæд- дæрмæ-иу кæдæм ныууад, уыцы хъæу. Йæ цæстытыл ауайынц гауызы хуызæн нæуу æмæ, æвзонг чызджы æнæфсон кæл-кæ- лау йæ сæр-сæр кæмæн фæхъуысы, уыцы чысыл дон. Чабæхан-иу раджы куы нæ сыстид зымæгон, цæсты къух атьысс, уæд ма йæ фенын куы нæ вæййы, уыцы афон-иу йæ куыстмæ куы нæ ’рхæццæ уаид, уæд йе ’мбæлттæ цы бакусиккой, уый фениккой. Куы ’рбацæуынц æмæ сæхи, суанг крахмалгонд сæр- бæттæнтæ бабæттыны онг куы ’рцæттæ кæнынц, гъе уæдмæ Ча- бæхан та йæ куыстытæ фæвæййы. Кæртмæ ракæсынмæ дæр ма йæ равдæлы. Кæмæдæр ма хъазæн ныхас дæр скæны, кæцæйдæр йæ худын райхъуысы. Чабæханæн бон раджы райдайы... Цас адæм аивылд, æвæдза, Чабæхан ам куы кусы, уæдæй нырмæ! Фæлæ йæм диссаг уый каст æмæ, йæ сæры æрæджыйы онг иу урс хил дæр кæй нæ уыд, æмæ дзы куы фæзынид урс хилтæ, уый ма-иу æй фæндгæ дæр кодта. Цыма уæд рæстæг фенкъуысдзæнис йæ мидбынатæй. Алцы дæр йæ афоныл хорз у; зымæг митæй фидауы, сæрд — кæрдæгæй, адæймаг та — цы кары ис, уый миниуджытæй. Æмæ æппынфæстаг, иу райсом рудзын- джы рухсмæ йæхимæ кæсæнмæ куы каст, æмæ йæ ныхы сæрмæ цыбыр урс хилтæм куы фæкомкоммæ, уæд тагъддæр куы бам- бæрзиккой иннæ дзыккуты, йæхимæ æндæр хуызæнæй куы ба- кæсид, уый йæм цыдæр бæллиццаг фæкаст. Чабæханы рæстæг нæ тæрсын кодта йæ цыдæй. Нæ фæлæ ма йæм цымыдисдзинад дæр æвзæрын кодта, зымæджы уазал футтытæ куы бамбарæм, фæлæ та, уадз æмæ ралæууæд, зæгъгæ, куы фæзæгъæм нæхи- цæн, уыйау. Чабæхан æнæхъæн къуыри нæ фендзæн йе ’мбæлтты. Гæнæн ын куы уаид, уæд ын йæ циныл уыцы къуыри цин кæниккой йе 80
’ппæт зонгæтæ дæр. Æхсызгон ын кæй фенд вæййы, уыдон иууыл- дæр. Фæлæ хионæй, зонгæйæ сæ хæс знон ахицæн кодтой, хуы- цаубон, йæ чындзæхсæвы. Урс тæнæг хъуымацæй хуыд къабайы уæрæх дыстæ сæхи æру- адзынц, рудзынджы хæцæныл куы æрхæцы, уæд. Ныхас кæны, ацы хæдзармæ кæй номыл æрбахызт, уыимæ, йæ зонгæтимæ. Йæ цæстытыл ауайы йæ чындзæхсæвы бон райсомæй изæрмæ, æмæ худы йæ мидбылты. Йæ мидбылхудты æфсон уыйбæрц стыр дæр нæу, æмæ йæ амондджын, фæлæ æнæфсон худтæй йæхæдæг фефсæрмы вæййы. Йæ армытъæпæн цæсгомыл авæры. Фæлæ уæд цæстытæ та. Утæппæт цæхæртæ сæ куы ракæлы,^уæд ма уыдонæн та цы бакæна! Æниу кæмæй æфсæрмы кæны? Йæ фæл- лад суадза, зæгъгæ йæ ныууагътой æмæ ма йын фынæй æнхъæл сты, æндæр æм, иннæ агъуыстæй йæ ныхас кæмæн хъуысы, уыдо- нæй исчи æрбауаид. 2 Æстдæсаздзыд чызг кæсæнмæ арæхдæр райдайы кæсын, рай- дайы фиппайын, йæ бакасты рæсугъддæр цы вæййы, уыдæттæ. Фæлæ Чабæханæн, æвæдза, кæсæн йæ комкоммæ фæцис, уæд- иу, уыма йын исчи йæ былтæ бакъуырдта, уыйау иннæрдæм акаст. Йæ уæле чи уыд, уыцы хотæ чындзы куы ацыдысты, уæд æм адæм цæст здахын райдыдтой. Устытæ йæм мæстæймарæн ны- хæстæ æппæрстой: «Чабæхан бирæ нæ фæбаддзæн...» «Акæс-ма уымæ, «мæ рад у»-йы каст к^ыд кæны!» Цæмæн сæм афтæ каст, уымæн ницы æфсон ардта. Йе йæ уæлæдарæс нæ фæхуыздæр, йе йæ былтæм ахорæнтæй никуы бавнæлдта, йе искæй цæстмæ уæлдай худт никуы бакодта. Æфсæрмы кодта устыты ныхæстæй дæр, исты дзуапп сын раттынæй дæр, æмæ-иу сæ рæзты тагъд- дæр фæраст. Фæлæ-иу дзы сæ ныхæстæ нæ ферох сты. Зын-иу ын уыдысты. Цыма, йæхи цы дзаумайæ хызта, уый йын исчи æвæндонæй йæ уæлæ кæнын кодта. Йæхимæ чызджы цæстæй нæма каст, æмæ йын йæ сабидугимæ хицæн кæнын зын уыд. Фæндыд ма йæ æнæмæтæй згъорын, куыдфæндыйæ рауайын, æппындæр æм уæлдай каст куыд ничи кæна. Фæлæ уыцы рæстæгæй рацыд къорд азы, æмæ Чабæхан ныр- ма ныр ссардта йæ амонд. Нырма ныр сæмбæлдысты кæрæдзи- уыл Алиханимæ. 1979 аз 6 Томайты Мисурхан 81
ЙÆ НОМ МЫН ХАДИЗÆТ ХУЫНД 1 Хадизæты номæй мæм хæрзæггурæггаг чи фæуыдаид, уымæй мын зынаргъдæр адæймаг нал уыдаид. Йæ ном-иу мын Хадизæ- ты фендау æхсызгон уыдаид. Хадизæт, скъоламæ куы бацыдыстæм, уыцы рæстæджы цы хуызæн уыд, афтæмæй ауайы мæ цæстытыл, кæд нæм-иу уый размæ дæр æруади цæхæрадæтты, уæддæр. Не ’хсæн æндæр ницы уыдис. Уалдзæг-иу мæ фыд бæстон базылд, зымæг-зымæджы дæргъы фос сæхи хафгæ цы каурæбынты цыдысты, уыдонмæ. Хадизæт-иу уæд каумæ хæстæг цæуын дæр нал уæндыд, рахиз- бахизгæнгæйæ та иу ран куы фефсæра æмæ та дзы фæндаг куы скæна, уымæй тæрсгæйæ. Мæ фыды стыр къухтæ-иу, æвæццæ- гæн, йæ цæстытыл ауадысты. Додой дæр æм никуы бакодта, афтæмæй дзы тарст æмæ-иу æм нæ иннæ фæндагыл, дардыл уынг- ты æрызгъорын зын нал каст. Кæрты иу йыл бинонтæй исчи амбæлд, уæд-иу уый дзыхæй ныхас нæма схаудта, афтæмæй-иу Хадизæт хæдзары фæмидæг. Хадизæтимæ скъоламæ дæр иумæ бацыдыстæм. Хæсты хъæд- гæмттæ нæма байгас сты. Адæм тыхстысты, мæгуырдзинад зынд алы рæттæй дæр. Рæсугъд æмæ ног дарæс алкæмæ нæма хаудта, æмæ-иу Хадизæтæн йæ мад хистæртæй куы иуы, куы иннæйы дзаума акъаддæр кодта. Скъоламæ фыццаг бон цингæнгæ уадыстæм. Кæрæдзийы къух- тыл хæцгæйæ æрцыдыстæм фæстæмæ дæр. Махмæ уал бауадыс- тæм. Хадизæты ног дзаумайыл мæ мад дæр бацин колдта. Йæ къух ыл, лæгъзгæнæгау, æрхаста. Йæ бынтыл ын æрхæцыд. 2 Хадизæты номæй мæ исчи фыдæнхъæл фæкодта, зæгьгæ, уæд æм дзургæ дæр нал скодтаин. Цыппæрæм къласы куы ахуыр кодтам, уæд фæхицæн стæм кæ- рæдзийæ. Мах горæтмæ раивтам, Хадизæт та хъæуы баззад. Куы цыдыстæм, уыцы райсом дæр нæм æруад æви нæ, æз уымæн ницы- уал базыдтон. Æвæццæгæн та нæм æрызгьордта, фæлæ машинæйы гуыффæйы дзаума æвæргæ куы федта, уæд, æвæццæгæн, иуварс фæлæууыд иуцасдæр, стæй фæстæмæ æнкъардæй ацыдаид. Цæхæрадон нæма бафснайдтам, æмæ уал мæ мад хъæуы баз- зад. Хæдзар кæмæн ауæй кодтам, уыдонимæ уал æмцард кодта. 82
Нæ хæдзармæ чи ’рбаивта, уыдон къоборсæр лæппутæ-иу тыргъ- % ты афтид фæсмын цъындаты азгьордтой. Сæ сабыр мад æфсæр- мы кодта мæ мадæй æмæ-иу сæм йæ былты змæлдæй цыдæртæ ацамыдта. Мæ мад-иу бахудт, йæ иунæг чызгæй ахæм хъæлæба кæд фехъуыстаид! Тыхст сæ, фæлæ йын уæддæр æхсызгон уыд сæ хъæр, се змæлд; лæгуазæг нæ хæдзармæ æрбафтыд, æмæ фынджы уæлхъус мæ мадæн лæппуйы райгуырдмæ ма скува, уый нæ уыд, æмæ йын кæй райгуырдмæ куывтой, уый йæ цæстытыл уыдон хуызæнæй уади, æвæццæгæн. 3 Уымæй размæ фыстæг никуы ныффыстон. Исчи нæм фыстæг æрбарвыста, зæгъгæ, уæд-иу æнæмæнг райдыдта уыцы иу ныхæ- стæй: «Уæ бонтæ хорз уæнт мæ зынаргъ, никуы ферохгæнгæ сиахс Алыксандр, мæ иунæг хо Дари, нæ гыццыл хæрæфырт Нинæ. Куыдтæ стут æмæ уæм цы ног хабæрттæ ис ацы æнæ- уынгæ рæстæджы?..» Æз дæр мæ фыстæг райдыдтон уыцы ныхæстæй: «Уæ бонтæ хорз уæнт мæ зынаргъ, никуы ферохгæнгæ Дзыццыл, Азикка æмæ Хадизæт!..» Ныффыстон, нæ хæдзары хабарæй цы уыд, уыдон иууылдæр, фæлæ мын дзы цыдæр нæ фаг кодта. Кæйдæр фыстæджы халдих рауад. Мæхицæй дзы цы ныффыстаин, уымæн ницы зыдтон. Хадизæты мысыдтæн. Æхсæв-бонмæ мæ дæндаг куы рыст, уæддæр мæ зæрдыл лæууыд. О, æмæ мæ Хадизæты номæй исчи фыдæнхъæл дæр фæкодта, зæгъгæ, уæд æм нал сдзырдтаин, загътон. Куыддæр мыл æрбабон, афтæ мæ дзаумæттæ скодтон æмæ дохтырмæ ацыдтæн. Уыйразмæ-иу мæ дæндаг сызмæлыд æмæ риссы, уæд-иу мæм мæ фыд хæстæгдæр æрбадтис. — Ракæн-ма. Куыд змæлы, уый басгарон мæ къухæй, — зæгъгæ-иу афтæ. Æмæ-иу иугæр дæндагыл фæхæст, уæд-иу æй æртыдта. Æз-иу ныккуыдтон, иуæй, фыррыстæй, иннæмæй та мæ сайгæ кæй фæкодта, уый тыххæй. Мæ дæндаг мын куы сластой, уæд трамвайы сбадтæн æмæ-иу мæ сæр мæ цонгыл авæрдтон. Мæ цæстытæ-иу бацъынд кодтон. Æрмæст-иу рæстæггай скастæн, кæдæм схæццæ дæн, уый базо- ныны тыххæй. Нæ тигъæй куы бакастæн, уæд мæ кæуын нал баурæдтон. Дæндаг кæцæй сластой, уым риссы, æви сæр иууылдæр, уый бæрæг нал уыдис. Уæд мæм мæ мад нæ сыхæгты усы раз хæр- зæггурæггаг куы фæуаид, Хадизæт, дам, æрбацæуы. Уымæй аф- тæ мæ мæ дæндагрыст æрбайрох уыдзæнис, уый та мæ бын- 83
тондæр смæсты кодта, уымæн æмæ, Хадизæт не ’рбацæудзæн, æмæ мæ сайгæ кæны, уый хорз зыдтон. Æз Хадизæты бирæ кæй уарзын, ууыл никуы басомы кодтон. Никуы йын басомы кæнын кодтон йæхицæн дæр. Уæддæр-иу Хадизæт загъта: — Зæххардыстæн, мæ хотæй дæ дæлдæр никуы æрæвæрдзынæн! Хадизæтимæ ногæй фыццаг хатт куы сæмбæлдыстæм, уæд æвзæр бон уыд. Тæнæг дзаума скæнынæн нæ бæззыд. Хур-иу сайæн æнгæс раци, афтæмæй Хадизæтыл та — тар цъæх дидинæг- джын къаба, йæ уæлæ тыр-тыр кодта. Æз Хадизæты ныхæстæм хъуыстон. Цин ыл кодтон. Цыма цалдæр азы нæ рацыд, фæлæ тæккæ знон фæхицæн стæм кæ- рæдзийæ, афтæ мæм каст. Хадизæт-иу бирæ хатт загъта: — Уæд мын Ази амæлæд, кæд Алыксандр æмæ Дарийы мæхи- уæттæй къаддæр уарзын. Тæхудиаг, куыд дæ æмбарынц, уый диссаг у, диссаг. Дæ чингуыты раз куы фæбадыс, уæд дæ æз дæр куы нæ хъыгдарин, Дарийы уый дæр фæфæнды... Уæддæр фынтæ иуæй-иу хатт æгæр æргом рацæуынц. — Хади- зæт цыма институтæй æрмæстдæр йæ фын радзурынмæ фæуад. — Мæ мадæн æй дзырдта. Æз дæр æм хъуыстон æмæ-иу бахудтæн, Хадизæт кæуынхъæлæсæй цы фын дзырдта, уымæ хъусгæйæ. — Цыма Нинæимæ кæрæдзийæ ахицæн стæм... Æз ахæм куыд кодтон, æмæ диссаг. Куы райхъал дæн, уæд мæ баз дæр хуы- лыдз уыдис мæ цæссыгæй. Ахæм бон ныл макуы скæнæд, Нинæ!.. Æмæ адæмæй нæ кæрт куы байдзаг, фæлæ се ’хсæн Хадизæтыл мæ цæст куы нæ хæцыд, уæд-иу мæ хъустыл дæр йæ ацы ныхæстæ ауадысты. Æппынæрæджиау та адæмыл мæ цæст куы ахастон, уæд æй федтон. — Мæнæй бирæ дарддæр, къулрæбын, æз дæр кæй зыдтон, иу ахæм чызджы цонгыл æрæнцой кодта. Искæй хъарæгмæ- иу йæ цæстытæ доны разылдта æмæ-иу йæ цæссыгтæ йæ уадултыл куыд нæ æртулой, афтæ аныхъуырдта. Мæн та фæндыд, мæ размæ куы бацыдаид, куы мыл ныттыхстаид æмæ ме уæхскыл куы нык- куыдтаид, уый, фæлæ Хадизæт раздæрау лæууыд къулрæбын æмæ бæрæг уыд, йæ бынатæй фезмæлынмæ нæ хъавыд. Æппынфæстаг, алчи йæ хæдзармæ цæуынвæнд куы скодта, уæд уый дæр базмæлыд æмæ мæм бацыд: — Нырма уæм хионтæ ис, дæ зæрдæ уал уыдоныл фæлæу- дзæн, фæлæ уæм куы ничиуал уа, уæд дæм-иу æрбауайдзынæн. Дари дæр мын загьта, Нинæйы тынг хъæуыс ныртæккæ æмæ йæ ма ныууадз, зæгъгæ. Уыцы бон фæстаг хатт рахызт Хадизæт мах кæртæй. Куы фæцæйцыд, уæд мæ зæрдыл æрлæууыд иу рагон хабар... ...Гыццылæй чындзытæй хъазыдыстæм мах кæрты, стæй кæ- 84
рæдзимæ цæуылдæр фæхæрам стæм. Хадизæт мын фæтæргай æмæ сæхимæ цæуыныл ныллæууыд. Мæнмæ хъыг каст уый æмæ йæ размæ кæрты дуары раз æрлæууыдтæн: — Ауылты ма цу! — Хадизæт та æнæ дзургæйæ каумæ фæ- зылд. Иæ цæнгтæ кауы михтæм сивæзта, фæлæ æз уым дæр йæ размæ фæдæн: — Ауылты дæр ма хиз! Хадизæт уæддæр нал ныллæууыд æмæ сæхимæ куы ацыд, уæд мæ хъæлæсыдзаг ныккуыдтон. Уыцы бон дæр Хадизæт æцæгæлон адæмимæ цæуыныл куы фæцис, уæд мæ кæуын хъуырмæ схæццæ, фæлæ мæ цæссыг не ’рхаудта — сабитæ нал уыдыстæм. 1983 аз УАРЗÆТТÆ Алырдыгæй æрцæуæг адæм кæм æрæмбырд вæййы, уым алкæмæ дæр цымыдисаг фæкæсы, чи кæцон у, уый базонын. Зариффæ æдзух алырæттæй æрцæуæг адæм фенынмæ бæллыд. Æнахуыр æм каст уыдоны ныхасмæ хъусын, сæ зондахаст сын иртасын. Зариффæ кæцæй æрцыд, уый-иу куы загъта, йæ бæстæйы коймæ-иу куы бацымыдисхуыз сты, уæд-иу йæхи цæстытыл дæр ноджы рæсугъддæрæй ауад. Иутæ-иу фæлварæнæй мæлæты тагъд рауадысты, иннæтæ — æрæгмæ. Фынгæй йæ хай райсынæн чи нæу, уыцы адæймагмæ та хорзæй цы ис, æмæ Зариффæ дæр сæ хо уыдис. Фæлварæнтæ куы радта, уæддæр æй нæма уырныдта, ахицæн сæ, уый. Адæймаг алкæмæ не сдзуры, кæмæдæрты та йæ зæрдæйы дуар уайтагъд фегом вæййы. Институты къæсæрыл цы чызг æрцæй- хызт, уый кæрты дидинæгдоны нарæг фæндæгтыл куы ’рбацæй- цыд, уæд Зариффæйы зæрдæ рагацау бамбæрста, сдзурдзæнис æм, уый. Чызг дæр æй фæхъуыды кодта æмæ йæм фæкаст. Кæ- рæдзимæ бахудтысты. Базонгæ сты. — Алтыншаш, — загъта йæ ног зонгæ. Чызджы нарæг цæс- тытæ худтысты. Чызджы мадæлон æвзагыл цы иугай ныхæстæ æмбæрста Зариффæ, уыдон æй йæ ног зонгæйы номыл ахъуыды кæнын кодтой. Алы адæм дæр кад кæнынц цавæрдæр хъуыддæг- тæн, æмæ уыдон зынынц, адæймагæн сабийæ цы ном раттынц, ууыл дæр. Нæмттæн ис сæхи аивдзинад, сæхи зæл, адæймаг йæ цæстытыл рæсугъдæй цы ауайын кæны, уый гæххæттыл куыд сныв кæны, уыйау. 85
Алтыншаш — æгæрон быдырты цæрæг, Зариффæ — хæхбæстаг. Хæхтæ рæсугъд сты, ууыл «афтæ нæу», зæгъгæ, никуы загъта За- риффæ. Кæддæрæй-кæддæрмæ сæм-иу тырныдта йæ зæрдæ, уæд- дæр-иу фæстæмæ здæхгæйæ уæлдæф арфдæр сулæфыд. Зæрдæйæ уарзта быдыры тыгьдад, æмæ йæ ног зонгæимæ бадгæйæ дæр раха- тыдта, сæ дыууæ дæр зæрдæйæ быдираг кæй уыдысты, уый. Алтыншаш ахуыры райдианмæ нал фæлæууыд, фæстæмæ цæуын æй хъуыд. Ацы институты ахуыр кæнынмæ чи бæллыд, уый дæр уыдонæй уыд æмæ йыл, Мæскуымæ æрцæугæйæ, йæ зæрдæ нæ лæууыд æмæ та-иу æм æрбауад. Уарзта йын йæ аив сабыр кæрт, къух æртонынмæ кæмæ нæ тырныдта, уыцы хуы- мæтæг дидинæгфæлыст. Адæймагæн йæ фæндон сæххæст уы- дзæн æви нæ, уымæн бæлвырд куыд ницы фæзоны, афтæ къухы нæбафтынхуыз уыд ам алцы дæр; æдзынæг æм чи каст, уыцы къултæ, алкæй размæ дæр-иу æнæхъинцæй чи байгом, уыцы дуар, æмæ-иу сыл чызг йæ цæст ахаста, цыма ацы кæрты æцæгæлон кæй у, уымæй йæ разы азымджын уыдысты, уыйау. Самирæйы кой Зариффæ фыццаг хатт институты студенттæй фехъуыста. Дыккаг аз æрцæудзæн ахуырмæ, æмæ дзы Зариффæ йæхицæн рагацау æмбалæй зæрдæ бавæрдта. Зонгæ йæ нæма код- та, афтæмæй йын фæсаууонмæ йæ номыл сахуыр. Иу æвзагыл кæд нæ дзурдзысты, уæддæр кæрæдзи зондахаст æмзæххонтæ сты æмæ хъуамæ æмбарой. Зариффæ æмдзæрæны йæхи хуыссæн куыд бафснайдта, Са- мирæйы хуыссæн дæр афтæ. Мыййаг, дам, æнафоны куы æрцæуа, уæд ма стыхса. Зариффæ искæмæн æрбацæуын æнхъæл куы нал уыд, афтæ чидæр дуарыл æрбахæцыд. Самирæ Зариффæйы цæстытыл æнæ- зонгæйæ нал уад, фæлæ куы ’рбахызт æмæ йæ куынæ базыдта, уæд æм кæсгæйæ баззад. Цы хуызæн уыд, йæ цæстытыл ахæ- мæй нæ уадис æмæ йын цалынмæ йæхи бацамыдта, уæдмæ йын мидæмæ дæр нæ загъта. Иугæр ын йæхи куы бацамыдта, уæд та йæ кæй нæ базыдта, уый раргом кæнын æм аив нал каст, æмæ сындæггай, Зариффæйæн йæ цæстытыл чи уад, уыцы Самирæ фесæфт æмæ равзæрд æндæр, йæ разы чи бадт æмæ йын йæ хабæрттæ чи кодта, уый. Фæндагыл иудзæвгар чи рауайы, уый дæр ма кæддæрæй-кæд- дæрмæ фæстæмæ акæсы. Цас рауади, уый цæстытæй абары. За- риффæ та цас нæма рацард, уыйбæрц æм мысинæгтæ дæр цы уыдаид? Дард горæтмæ ацæуыны размæ фидæныл хъуыдытæй цар^. Уымæй фæстæмæ та, кæуыл рауад, уыцы фæндаджы рай- диан адард æмæ ма йæм кæцæйдæр зындис. Бæрæг ма дардта, арв æмæ зæхх кæм баиу вæййынц, ахæм тæлмау. Уым баззадыс- ты йæ мад, йæ фыд, Земæ. 86
Сæ хæдзары Земæ уыдаид, æви Зариффæ, уый йæ мад æмæ йæ фыдмæ уæлдай нæ каст, кæд йе ’мбал тугхæстæг нæ уыд, уæддæр. Земæ — хъæлдзæг, Зариффæ — бынтон æндæрхуызон адæймаг. Сæ дыууæйыл усгур сæмбæлд, уæд Земæйы курыныл ныллæууыдаид уыцы сахат. Иæ цæст дзы нал истаид. Æмæ раст у, куы ницы сдзурай адæймагмæ, уæд чи цæмæй хæйрæг у, мидæгæй цы дæ, уымæн? Æмæ фæндагыл куы цыд, уæддæр ма йæ йæ мад æмæ йæ фыдыхо дæр уымæн фæдзæхстой, адæймагмæ, дам-иу, сдзур. Сæ разы иу хъазæн арс фæцис, хъæдабæйæ хуыд. Йæ фарсы цы дæгъæл сагъд уыд, уый йын æрзил, стæй йæ стъолыл æрæ- вæр, æмæ-иу араст. Ныр, дам, базмæлыд, æмæ нæ йæхимæ æркæ- сын кодта, æви нæ? Адæймаг дæр, дам, афтæ... Кæд дæ иуæй-иу ныхæсты ад бамбарын бафæнда, уæд дын зы- наргъ цы у, уыдонæй иуварс ацу. Дарддæр сæм æрлæуу, æмæ дæм афтæ фæкæсдзæн, цыма сæ фыццаг хатт хъусыс: «хæдзар», «иузæх- хон», æмæ Зариффæ уыцы ныхæстæ раздæр дæр куыднæ фехъуыс- таид, фæлæ йын уæд хуымæтæг ныхæстæ уыдысты. Сæ хъуыды сын æмбæрста, æндæр æм, йæ зæрдæ чи фæцагайа, ахæм хъуы- дытæ не ’взæрын кодтой. Ныр та-иу æм, йæ алыварс сæ æндæртæй хъусгæйæ, афтæ кæсын райдыдта, цыма йын исчи йæ хъуыдытæ дзырдта, æмæ сæ куыд бæлвырд загъта, ууыл фæдис кодта. Фæндагыл рацæуыны размæ Зариффæмæ Æрджынарæг дæр зæххы кæронæй уæлдай нæ каст. Ардыгæй уырдæм та йæм йæ хæдзары къæсæрау кæсын райдыдта, йæ ног зонгæты цæрæн- бæстæ та — йæ сыхæгты цæрæнбæстау. Хæстæг адæймаг та æмба- ры адæймаджы зонд, æмæ Самирæимæ сæ иузæххонтæй алчи- дæр æмбæрста, кæцы ныхасмæ цæмæн аджих сты, цæуыл ахъуыды кодтой, уый. Æмæ-иу Зариффæ сæхимæ фыстæг куы фыста, уæд-иу йæ ног зонгæты нæмттæ дæр ранымадта: Мухарби, Ал- тыншаш, Хадзырæт, Рамазан, Самирæ. Сæ кой-иу æм рауад ис- тæй æфсон. Мухарби се ’ппæтæй хиондæр уыд, Самирæ æмæ йæ Зариффæ иннæтæй хиондæр кодтой, уый тыххæй мыййаг нæ, фæлæ чыз- джыты хионы æрбалæуд бахъуыд, уæд-иу сæ Мухарбийæ раз- дæр кæй ничи æрхъуыды кодта, уый тыххæй. Мухарбийæ раз- дæр ничи ауадаид дуканитæм, фæндагмæ сын исты алхæнынмæ дæр. Уæддæр ма-иу Самирæ сонтæй йæ сывæллоны кармæ ба- хызтаид, йæхи-иу ын сбуц кодта: йæ æлхæдтытæй-иу исты йæ зæрдæмæ нæ фæцыдаид. Æппынфæстаг-иу сцæттæ уыдаид Са- мирæ, фæлæ ма-иу уæддæр цæуылдæр тыхст. Йæхи æвзагыл-иу цыдæр ныхæстæ сдзырдта; афтæ хуымæтæг, фæлæ маст кæмæй ссæуы, ахæм ныхæстæ, æндæр ницы. Хадзырæт — æнæмæт адæймаг, фæлæ уый дæр Зариффæ æмæ Самирæйы зæрдæхудты ницæмæй бацыдаид, æрмæст æм бадзу- 87
рын хъуыд, йæхи хъуыдыйы не ’рцыдаид, адæймаджы йæ сæр кæцы ран хъæуы, уый. Хадзырæты æнæмæты хабæрттæ-иу æмбисондæн дзырдтой худгæйæ. Иу хатт, дам, Хадзырæт цы лæппуимæ цард, уымæ студенттæй кæимæдæр цавæр ныхас рауад, уый сæхицæй дард- дæр ничи базыдта. Сæ уатмæ сæм æрбацыд, æмæ Хадзырæт дæр сæ разы бæргæ уыд, фæлæ сын сæ ныхасмæ нæ байхъуыста. Стъолы раз бадгæйæ æнцад йæ фысты кой кодта. Лæппутæ кæ- рæдзимæ бавнæлдтой æмæ сæ афоныл иргъæвæг фæцис, зæгъгæ, уæд пъолыл нæ фæратул-батул кодтаиккой. Æрмæст, дам, Ха- дзырæты бандоныл сæхи куы сцавтой, уæд, дам, фæгæпп кодта, адæймаджы ам кусын дæр нæ бауадздзысты, зæгъгæ, æмæ дуар йæ фæстæ рагуыпп кодта. Хорз, æмæ лæппутæ кæрæдзи мæлæтдзаг над нæ фæкодтой, æндæр Хадзырæты æвдисæн уæвын бахъуыдаид. Уæддæр-иу æй исчи куы афарста, ды сæ разы куы уыдтæ, цæуылнæ сæ баир- гъæвтай, зæгьгæ, уæд сын-иу загъта: «Æз искæй хъуыддæгты мæ фындз тъыссын нæ уарзын», æмæ-иу йæхи уымæй сраст кодта. Самирæйы ныхæстæм гæсгæ, йæ цæрæнбæстæ æнахуырæй уад Зариффæйы цæстытыл. Хæхтæ дæр уымы хуызæн рæсугъд никуы уыдысты, æмæ-иу Зариффæ дæр сæ фенынмæ бабæллыд. Искæд сæм æнæмæнг ацæудзæн, ууыл фидар ныхас загъта. Фæсаууонмæ зыдта номæй-номмæ Самирæйæн йæ бинонты дæр. Йæ фыд цалдæр хæсты уыд, рагон хорзæхтæ йæм ис. Ныр базæронд, æмæ рагон хотых æфснайдæй куыд фæлæууы, афтæ уый дæр хуыссæнуатæй кæсы боны рухсмæ. Сæ хъæу горæтæй дард нæу, æмæ йе ’фсымæртæ кусынмæ уырдæм цæуынц, суанг ма уый дæр зыдта Зариффæ. Самирæ-иу æппæтæй тынгдæр йæ кæстæр æфсымæры æры- мысыд. Самирæимæ, сæ фыд фæстаг хæстæй куы сыздæхт, уый фæстæ райгуырдысты сæ мадæн, æмæ, иуæй, Самирæйы дæле кæй уыд, иннæмæй, æппæты кæстæр, хъулон уарзт æй уымæн кодта. Самирæйы ныхæстæм-иу Зариффæйы зæрдыл æрбалæу- уыд, уымæн æфсымæр нæй, йæ астæуккаг æнгуылдзыл къухда- рæн æдæрсгæйæ бакæны, уый. Уæдæ дзы кæмæн нымд кæна. Зариффæ-иу Самирæйæ фехъуыста, сæ мад æгъдæуттæй иуæй- иутыл æгæр иузæрдион кæй уыд, уый дæр. — Комдарыны рæс- тæгмæ хæстæг-иу йæ бинонтæн рагацау бафæдзæхста, сайæн ми кæнæн сын нæй, Хуыцауы кæй нæ афæливдзысты, уыдæттæй. Самирæ ма скъоладзау уыд, афтæмæй хивæнд куы уыдаид, ууыл афæлвæрдта, фæлæ комдарын кæй æмбæлы, ууыл мад тынг æууæндыд, уый куы бамбæрста, уæд æм ницыуал дзырдта, фæлæ хи искуыд ирвæзын кæнын хъуыд, æмæ-иу йæ чындзимæ æхсæ- выгон хæдзармæ рахъуызыдысты... 88
Уыцы æгъдау мад нæ хæлдта Самирæйы кæстæртæ, йæ фыр- ты цотæн дæр, фæлæ йын иу бон йæ фырты чызджы скъолайæ мæрдон фæлурсæй куы æрбакодтой, гыццыл чызг-иу дзуццæ- джы куы абадт æмæ-иу йæ дзых куы фæхæлиу кодта, уæд ус асагъæс кодта: «Мæ сывæллæттæ цæуыл удхар кæнынц?..» Йæхи цот цæйбæрц ныффæрæзтой, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ йæ фæрстыл æрбахæцыд. Æппæтæй арæхдæр та Самирæ Рамазаны кой кодта. Кой хуы- мæтæг, æгæр уæлæнгай ныхас у, — фылдæр æм мæсты кодта, загъд, фаудта йæ, æмæ-иу уæд Зариффæйы зæрдыл иу æндæр чызг æрбалæууыд. Дæсæм кълæсты уыдысты: Зариффæ — иуы, уыцы чызг — иннæйы. Цыма кæрæдзийы уыцы аз федтой, фæлы- мæн сты æмæ-иу чызг Зариффæйы къласмæ æрбауад. Зариффæ цы лæппуимæ бадти, уый йæ бынаты нæй, уæд-иу йæ фарсмæ абадт. Лæппуйæн-иу йæ хызын раивæзтаид партæйæ, кæнæ та-иу ын партæйы уæлæ цы кърандас аззад, уыимæ архайæг суыдаид. Кæй зыдта, уыцы адæмæй йын æнаддæр чи уыд, уый — уыцы лæппу. Зариффæимæ кæй бадтис, уый дæр æм хъыг каст. Чызг ын цытæ дзырдта, Зариффæ лæппумæ ахæмæй ницы уыдта, фæлæ-иу уæддæр ахъуыды кодта, кæд æй æз нæ ирта- сын, зæгъгæ. Æрмæст æй иу хатт лæппу йæ бынаты бадгæ куы æрбаййæфта Зариффæйы фарсмæ æмæ йæм зылынджыны каст куы скодта, уæд ын Зариффæ йæ цæстыты æнæуынондзинад нæ, фæлæ æндæр æнгæс бакаст, — лæппуйæн удыхос бахъуыд æмæ уыцы удыхос чызджы уд фестад, зæгъгæ, уæд ын æй нæ бавгъау кодтаид. Зариффæ йæхицæн бахудтис, æмæ ныр, Са- мирæ-иу Рамазаны фыдгой кæнын куы райдыдта, уæд чызджы æнкъарæныл гуырысхо нал кодта... Самирæ цард, фыстæгмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, рæстæг та цыд, æмæ æхсæз мæйæ-æхсæз мæймæ кæй уыдта, уымæн йæ хъæлæс хъуыста æрмæст фыстæджыты. Райста сæ-иу, сæ кæцыдæрты та-иу ногæй бакаст æмæ-иу уæд, лæппæг дыргъ балæмаргæйæ фæйнæрдæм цы цыхцырджытæ атæхы, ахæм рухсы цыхцыр- джытæ акалд йæ цæстытæй, æмæ-иу Зариффæ рагацау бамбæр- ста, йæ фенынмæ та куыд бæлдзæн, алцæмæ дæр разæнгарддæр куыд уыдзæн, æрмæст йæ фæндон уæлæмæ куыд нæ дзурдзæн, уый, æмæ-иу æм хъуыста æнæ исты дзургæйæ. Зариффæйы цæс- гом-иу рухсæй-рухсдæр кодта, афтæмæй-иу йæхи цæстытыл дæр кæйдæр сурæт ауад, кæйдæр хъæлæс-иу фехъуыста æмæ-иу уæд Самирæйы ныхæстæм хъусæг нал уыдис... ...Зариффæ зымæджы каникулты кæрон хъуамæ йæ фæнда- гыл араст уыдаид, фæлæ йæ цы бон ацæуын хъуыд, уыцы бон уыдаид, Солтанимæ цы конференцийы сæмбæлдысты, уый дæр, æмæ баззад. 89
Солтаны кой Зариффæ фыццаг хатт Земæйæ фехъуыста. Кæд- дæрты-иу газеты йæ ном æмæ йæ мыггаг фæзындысты. Цы фар- статыл-иу уыд йæ ныхас, уыдон-иу Зариффæйы зæрдæмæ дæр фæцыдысты æмæ иу хатт, Земæимæ газетмæ кæсгæйæ, Земæ фæхудти, æмæ, адæймаг рагæй кæй нæ федта, ууыл æнæнхъæ- лæджы куы фембæла, йæ ном ын хъæрæй куыд сдзура, уыйау Солтаны ном сдзырдта. Цыма сæ Зариффæимæ зонгæ кодта, уыйау ын загьта, иу курсы ахуыр кодтой Солтанимæ, уый. Фæлæ уый æгъгъæд нæ уыд, йæ ном ын куыд цинхуызæй сдзырдта, уымæн, æмæ йæ ныхас фæбæлвырддæр кодта. — Сымах горæтмæ куы раивтат, уыдон та нæ хъæумæ уый хæдфæстæ æрлыгъдысты æмæ фæндзæм къласæй фæстæмæ иумæ ахуыр кодтам. Солтан Зариффæйæн дæр йæ зæрдæмæ фæхæстæгдæр. Уый дæр ахуыр кодта, Зариффæ хъуымацы гæбазæй хуыд хызынимæ фыццаг хатт цы скъоламæ бацыд, уым. Зымæгон-иу, уазалты, сæхи сæ пъалтоты кæм ныттыхтой, уыцы кълæсты бадт Солтан дæр. Цъыфбон-иу къах кæм аныгъуылд, Зариффæйæн-иу куы фæкæла, зæгъгæ, йæ размæ кæдæм рацыдысты, уыцы уынджы- иу уый дæр йæ хæлафы фадгуытæ цъыфæй фесæфтаид. Æрмæст дзы Солтан хæсты фæстиуджытæ нал баййæфтаид. Æвæдза, раз- дæр æрлыгъдысты ацы хъæумæ æмæ уынгмæ рауад йе ’мгæрт- тæм, зæгъгæ. уæд дзы хæдзармæ æнæ исты низ бахæсгæ нæ фæуыдаид. Йæ буарыл исты ма фæбæрæг уыдаид, уымæн гæ- нæн нæ уыд. Мад æй æнæ базонгæ нæ фæуыдаид, æмæ йæ йæ цонгæй, адæймаджы сæрты чи каст, уыцы нартхоры астæу балæу- уын кодтаид. Æвзæр тæфгæнаг хосæй йæ сæрæй къахмæ бай- сæрстаид, стæй йын, низ бинонтыл ма бахæца, зæгъгæ, пъолыл исты хæррæгътыл хуыссæн бакодтаид. Уый йæм хъыг фæкаста- ид æмæ йæ кæуын хъуырмæ схæццæ уыдаид. Уыцы хабæрттæ, Зариффæ Солтаны æмгар кæй уыдис æмæ сæ йæхиуыл кæй бавзæрста, уымæн æрлæууыдысты йæ зæрдыл. Солтан дæр сæ бавзæрста, уымæн ницы зыдта, фæлæ йæ фыццаг хатт куы федта, уæд Солтан, Зариффæйы цæстытыл цытæ уад, уыдонæй мур дæр исты бавзæрста, ууыл тынг фæгуырысхо. Афтæ зынд, цыма лæппуйы къухтæ фæрæт сугыл никуы æрцавтой, хос- кæрдынафон цæвæг кæрдæгыл тыхджын риуыгъд никуы ракод- той. Æмæ уæдæй фæстæмæ Зариффæйы цæстытыл йæ раздæры нывтæ Солтаны хуызимæ нал иу кодтой. Зариффæ конференцимæ цы бон цыд, уыцы бон Земæ, цыма рагæй кæй нал федта, уыцы æфсымæрмæ ныстуантæ æрвыста, уыйау ма йæ фæстæ дæр афтæ дзырдта: — Солтан дæр уым ма уа, афтæ нæ уыдзæн, æмæ дæм куы сдзу- ра, уæд та-иу дæхи иннæрдæм кæсæг ма скæн, фæлæ-иу æм сдзур. 90
Æмæ-иу Зариффæ дæр, бынæттæ кæмæ нал æрхаудта æмæ дуаргæрон чи лæууыд, уыцы фæсивæдмæ аивæй акаст. Зариффæ Солтаны ном куыд раиртæста иннæ нæмттæй уæл- дай, Солтан дæр афтæ фæхъуыды кодта газеты Зариффæйы къух- вæд. Йæ базонын-иу æй бафæндыд, æмæ иухатт, Земæ Зариф- фæйы ном куы сдзырдта, уæд Солтан дæр бацымыдис. Земæ йын-иу зæрдæ бавæрдта Зариффæимæ сæ базонгæ кæнынæй, фæлæ та-иу цæмæдæр гæсгæ нæ сæмбæлдысты. Æмæ та Солтан Земæйыл куы сæмбæлд, конференцимæ йæ йемæ куы хуыдта, уæд Земæйы зæрдыл æрбалæууыд, Зариффæ дæр уым кæй уы- дзæн, уый æмæ йæ Солтанæн загъта. Солтанæн Зариффæйы хуыз афтæ бæлвырд йæ цæстытыл Зе- мæйы ныхæстæм гæсгæ ауад, æмæ йæм комкоммæ уымæн бацыд, æви йын æй исчи амонгæ бакодта, Зариффæ уымæн ницы базыд- та, æрмæст æм Солтан куы бацыд æмæ йын йæхи куы бацамыдта, уæд та йæ зæрдыл æрлæууыдысты Земæйы ныхæстæ: «Солтан дæр уым ма уа, афтæ нæ уыдзæн...» Æмæ йæ уыцы ныхæстæ, цыма фырхуыссæгхъуагæй æркув-æркув кодта æмæ йын исчи йæ уадул, сывæллоны уадулау, бацавта, ма бафынæй у, зæгъгæ, уыйау æй бауыгьтой. Æмæ лæппуйы ныхæстæм дзæбæх сдзырдта. Сæ ныхæстæ бирæ нæ уыдысты. Зæрдыл бадарын сæ æнцон уыд, æмæ-иу Самирæ йæхи хабæрттæ куы кодта, уæд-иу Зариф- фæйы зæрдыл та уыдон æрлæууыдысты. Диссагæй кæмæ ницы уыд, ахæм хуымæтæг ныхæстæ, фæлæ сæ цыма адæймаг адæй- маджы, куыд сæ зæгьдзæн, уымæй фæлвæрдта, цæмæй сæ стыр лæварау йæ зæрдæйы арфы бавæра, бахъуыды сахат сæ райса æмæ-иу сæм сулæфа, уыйау. Азы кæрон, тагъд сæ хæдзæрттæм цæудзысты, зæгъгæ, уæд Зариффæ аджих ис. Йе ’мбæлттыл куыд тынг сахуыр, уый ныр- ма ныр бамбæрста, æмæ та сын-иу ногæй, цыма сæ искæмæн дзырдта, уыйау йæхинымæр сæ нæмттæ ранымадта, стæй ма сыл- иу Солтаны ном дæр бафтыдта. Йæ цæстытыл-иу ауад æмæ-иу йæ мидбылты бахудтис. 1984 аз БОН ЦÆУЫ ÆМÆ ФАРН ХÆССЫ Фари-иу изæрæй сæ хæдзармæ куы ’рбацыд, уæд-иу мадмæ дæр дзæбæх нал сдзырдта — хибар къуым агурынмæ-иу фæци. Æппындæр æм куы ничи ницы дзурид, йæ куыстæй та йæ æппын- дæр куы ничи фæрсид, уый дæр æй фæндыд... Фæлæ адæймаг 91
адæймагыл куы фембæлы, уæд йæ фыццаг фарст уый вæййы: «Цы хабæрттæ дæм ис? Куыд цæуы дæ куыст?» — Бузныг! Хорз цæуы, — загъта-иу Фари дæр. Уæдæ цæмæн хъæуынц искæй бæлвырд хабæрттæ. Хъуыдытæгæнгæ-иу йæ хæдзармæ кæуылты бахæццæ, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Æмæ-иу йæхицæн уайдзæфтыл фæци: «Дæ ныхасæй, дæ бахудтæй дæ мады зæрдæ ма барухс кæн иухатт!» Фари фыццаг аз куыста газеты æмæ йын рæстæг нæ фаг код- та: æййафын хъуыд царды цыд. Фæлæ йæм диссаг уый каст, æмæ рæстæг цыд, чызджы куыстæй та^ничи ницы дзырдта: хорз дæр æмæ æвзæр дæр. Йæ уæнг мард. Йæ ныфс саст. Иу бон хайады хицауы бафарста: — Æз ног кусæг дæн, Тамби, кæд мæм исты аипп ис, мыййаг... Тамби ахъуыды кодта æмæ йе уæхск сæппæрста. — Ницы аипп дæм ис. Архаиыс... Фари уарзта газеты куыст. Йæ зæрдæмæ цыдысты, хъæутæм цы балцытæ кæнын хъуыд, уыдон дæр. Ахуыр ма куы кодта, уæд цы хъуыдытимæ тырныдта йæхи горæтмæ, уыдон та иу йын фыны фенæгау фæзындысты, автобусы рудзгуытæй-иу дард бы- дыртæм куы каст, уæд. Зæрдæрухсæй кæмæ сдзурай, уый та дын æнцонæй радзурдзæн йæ хабæрттæ. Уæдæ цæуыл дзурæг уыдысты абон редакторы ныхæстæ æмбырды? — Дыууиссæдз рæнхъы йеддæмæ чи нæ бадæтты мæй газетмæ, уый цавæр кусæг у?! Кæд Фарийы ном нæ загъта, уæддæр уымæ хаудысты уыцы ныхæстæ, чызг уый бамбæрста — уымæн рацыд уыцы мæй æрмæстдæр дыууиссæдз рæнхъы. Фæлæ редактор цæмæй зоны, Фари бакусыны фыдæй кæй ницы ныууадздзæн, уый? Нæ- фæлæ ма куыстæй æфсæдгæ дæр нæ кæны. Хайады хицау æм цы æрмæг радта редакци скæнынмæ, уый ныртæккæ фæуы- дзæн, зæгъгæ, уæд-иу тыхсти: «Цы та кусдзынæн ныр?» Кæд дзы куыст бацагуырдтаид, æндæр афтæ нæ загътаид: «Гъа-ма, Фари, мæнæ ацы æрмæг ацæттæ кæн, номыр махмæ кæсы». Уæд, гормон, уадз æмæ æрыгон кусæгæн дæр йæ зæрдæ йæ куыстмæ райа, фæныфсджындæр уа. Æмæ уыдæттæ цæмæй зоны редактор? Фаримæ та зын кæсы, бацæуа æмæ йын уыцы хабæрттæ ракæна, уый, фæлæ абон ныхасы бар ракурын хъуыд æмбырды. Ууыл фæсмон кодта Фари сæхимæ фæндагыл цæу- гæйæ. Ныхас риуы ныууадзын, буары чи бауайы, уыцы сындз ныууадзынæй уæлдай нæу. Кæд æй афоныл сисай, науæд хæ- рам ахæсдзæн, схæрам уыдзæн æмæ низмæ асайдзæн. Фæлæ ма æрæджиауы фæсмонæй цы ис? Алы хъуыддагмæ дæр фæ- 92
царæхсын хъæуы. Нæ йæм фæцарæхстæ, уæд та йыл хъуыды дæр мауал кæн. Фари сæхимæ нæма бахæццæ, афтæмæй та йæ йæ мад цæ- мæйты фæрсдзæн, уый зыдта рагацау. Фыццаг æй йæ куысты хабæрттæй бафæрсдзæн, уыйфæстæ та, хæринаг ын цы æрæвæ- ра, уымæй. Ацы дыууæ азы, Фарийæн йæ фыд куы амард, уæдæй нырмæ уæлдай æнувыддæр систы кæрæдзиуыл йæ мадимæ. Зианы фæстæ-иу, фыццаг изæрты, мад Фаримæ бадзырдта: «Цом, нæ дуар сæхгæнæм», зæгъгæ. Дуар, стыр æхгæнæнджын, истæмæй йæ куы нæ бахостаис, уæд æхгæнын нæ бакуымдтаид æмæ йыл мады бон нæ цыд. Ног цæрæг ма уыдысты уыцы хæ- дзары æмæ йын фыд бирæ æмгъуыдтæ бæргæ нæ фæкодтаид, фæлæ... Дуар-иу куы сæхгæдтой, мад-иу бынтондæр уæд бамбæрста, йæ уæнгджынтæ сæрыхицау дуар нал байгом кæндзæн, бонмæ сæм ничиуал æрбадзурдзæн, æмæ-иу йæ чызгæн нымд куы нæ кодтаид, уæд-иу ныккуыдтаид сæ иунæгдзинадыл. Фæлæ куыд риссын кæна иудадзыг йæ хъæбулы зæрдæ! Фарийæн дæр-иу, се ’рбацæуæнты-иу куы ’рбацæйцыдысты, уый йæ зæрдæйæн уæлдай зындæр уыдис. Уæлдай тых та йын марды кæндтытæ кодтой. Дзаг стъолтæм-иу куы бакаст, уæд сæ йæ зæрдæ рыст, чи байгас, æмæ та ногæй кæй фæцагайдæуыд, ахæм хъæдгомау. Мад та-иу, цыма йæ мойæн йæхи фендзæн, цы хойраг-иу скодтой, уыдонæй йæ йæхи къухтæй хорз æрбауын- дзæн, уыйау-иу йæ фæзылд фæцæрдæгдæр, йæ ныхас та-иу хъæл- дзæгдæр фæцис. Чызджы та йæ хъуыдытæ ногæй абоны æмбырдмæ ахастой... ...Цалдæр мæйы йеддæмæ нæма куыста Фари, афтæмæй иу- хатт, райсомæй сихормæ кæй фæфыста, уыдон цæмæйдæр йæ зæрдæмæ нал фæцыдысты, æмæ сæ ныппырх кодта. Уыцы рæс- тæг хайады хицау æрбахызт. Фарийы раз пырх гæххæттытæ куы федта, уæд йæ сæр батылдта, стæй бахудт æмæ загъта: — Мæныл дæр-иу ахæм рæстæджытæ акодта, Фари, тыхсгæ ма кæн. — Æмæ уæд йæ хицауæй стыр бузныг фæци чызг. Бакæ- сын дæр æм кæмæ нал цыд, уыцы гæххæттытæ ногæй райста æмæ сæ йæ размæ æрæвæрдта. Фæлæ уæдæй нырмæ дыууæ азы рацыд, æмæ дæм ахæм ныхас æрхауæд! 1970 аз 93
ХЪАСБОЛАТ Карджын бурхил лæг. Цардæй мæлæтмæ фæхæстæгдæр кæ- мæй фæзæгъынц, ахæм. Кæддæр-иу хъазты цы къахкъухтæ æрсагъта, уыдон ныр къодахы лыггæгтау иу ран лæуд куы фæ- вæййынц, уæд сæм фезмæлын нал фæцæуы — лæудзæнис афтæ иу ран сахаты ’рдæг дæр, æнæхъæн сахат дæр. Фæлæууы, цып- пар фæндаджы кæм иу кæнынц, уыцы ран æмæ йыл куы чи ’рбамбæлы, куы — чи. Иунæг куы вæййы, уæд та йæ къæхтæ бар-æнæбары фезмæлынц, кæд искæцырдыгæй исчи æрбацæуы, зæгъгæ, уымæ акæсыны тыххæй. Куыстмæ нал тагъд кæны. Раджы рацыд пенсийы. Æмæ, йæ пенсиисæн бон куы вæййы, уæд уыцы бон дæр æдде лæугæйæ баззайы. Постхæссæг æрбацæуинаг вæййы, æмæ... Сывæллон йæ мады æрбацыдмæ куы нæуал хъæца, уæдæ мын цыдæртæ æрбахæсдзæн æмæ кæд афонмæ æрбацæуы, зæгъгæ, уыйау фæлæууы Хасболат дæр дуармæ, кæнæ та цыппар фæн- даджы астæу. Уыцы бон ын вæййы уæлдай адджын, æмæ йæ кæд фæзоны, нырма раджы у, нæма фæзындзæн постхæссæг, уæддæр рагацау йæ размæ рацæуы. Уынджы фаллаг фарсмæ ба- хизы. Уырдыгæй йæм тагъддæр фæзындзæн, фæхæрдгæнæны рæвдз-рæвдз куы сцæйуайа, уæд. Йæ дзаг хызын ын цыма уæз дæр нæ фæкæны, афтæ рогæн æй фæхæссы. Хæдзарæй дыууæ къахдзæфы æддæдæр рацæуы, зивæггæнгæ. Уымæн æмæ ма йæ йæ къæхтæ тыххæй хæссынц. Бæргæ хорз у æфснайд уаты бад æмæ чиныджы кæнæ газеты кæс. Гыццылæй чи фæцалх æмæ дзы йæ цæст чи нал атыдта йæ царды бонты, уымæн цы хъæуы йæ хъуыдытæ гæххæттыл фыссын. Фæлæ Хъасболаты уыцы хъуыддагæй амонд нæ фæци æмæ йæм мидæ- гæй фæлæууын нæ цæуы. Кæрты дæр кæимæ амбæлдзæн райсомæй? Чи кусынмæ аив- гъуыдта, чи — базармæ, чи æндæр хъуыддæгтæ аразынмæ. Хорз хъуыддæгтæ чи аразы, уый дæр — æнæвдæлон æмæ — мæнгард митæ чи кæны, уый дæр. Алчи дæр тагъд кæны. Æрмæст Хъас- болат никæдæм тагъд кæны. Стыр уæладзыг хæдзары ма чи баз- зайы, уый — зæрæдтæ, æмæ иуцалдæр сывæллоны. Устыты кæм февдæлы хæдзарæй æддæмæ, бирæ зилæнтæ сын ис мидæгæй. Кæд» сæ дуканимæ ауайын фæхъæуы, уæд раздæр уырдæм ауа- йынц; бинонтæн исты хæринаг сцæттæ кæнын фæхъæуы изæрмæ. Уыйфæстæ бавналынц æфснайынмæ. Стæй, кæд хæдзары сы- вæллон ис, уæд уый ракæнынц аирхæфсынмæ. Æмæ уыдонæй 94
дæр цæй дзурæг æмбал ис Хъасболатæн? Кæд уайгæ-уайын сдзу- рынц кæрæдзимæ истытæ, кæд уаргæ бон вæййы, уæд: «Ацы уарын кæд банцайдзæнис, æппындæр ын кæрон нал ис», хур бон та: «Цы æнтæф у», кæнæ æндæр ахæм истытæ. Зæронд лæджы зæрдæмæ тынгдæр изæр цæуы. Изæрæй фæвæййы кусгæ бон, изæрæй æрæмбырд вæййынц бинонтæ. Алы хæдзармæ дæр ба- кæс, уæд бинонты ныхасæй, сæ хъæлæбайæ, худтæй цыма алы хæдзар дæр йæ хуыз скалы, æдзæрæгхуыз нал вæййы. Лæгтæ, кæд телевизормæ нæ фæкæсынц, уæд кæртмæ раи- вылынц. Чи бæлæсты бын даргъ хъæдын стъолыл шахмæттæй фæхъазы, чи та йæ гаражы дуар бакæны æмæ уым цыдæртæ фæархайы. Æмæ уæд Хъасболат дæр æрцæры. Бинонтæ куы æрæмбырд вæйынц, уæд сæ фыд куыд сулæфы, уæдæ та æгайт- ма дзæбæх, æнæнизæй æгас хæдзар ссардтой, зæгъгæ, уыйау Хъасболат дæр кæрты бандоныл æрбады æмæ йæ иу къах размæ ауадзы, хæлафы дзыппæй тамако сисы, йæ уырзты астæу ын йæ кæрон аууæрды, зынг ыл сдары æмæ йæ сдымы. Æнæдзургæйæ, боны катайæ кæй фервæзт, уымæй разы уæв- гæйæ, тамако фæдымы æмæ æнцад адæммæ фæкæсы... О, фæлæ æппæты разæй Хъасболатæн йæ къæхты кой скод- тон. Ахæм хъазт нæ уыдаид хъæуы, æмæ хуынд кæдæм нæ уыда- ид, йæ къахфындзтыл кæм не скафыдаид «Æрц тох!», зæгъгæ. 1987 аз ÆНАХУЫР ИЗÆР Дзирæт Таузаны фæстæ уынгмæ акаст, стæй мидæмæ бахызт æмæ кæрты дуар ахгæдта. Йæ сæрыл кæлмæрзæн бæргæ бап- пæрста, фæлæ æнæуи рогæй рауад æмæ уазал йæ фæрсты сыф- фытт кодта. Сылгоймаджы цæстыты мастæнгæс фæзынд æмæ ма, йæ хъу- сты чи зæлди, Таузаны уыцы фарст фæзмæгау сдзырдта: «Сцæттæ кодтай?» Цæвиттон, æртæ боны размæ ныхас кодтой, ногбон кæм абад- дзысты иумæ, ууыл æмæ Хадзысмел йæ хотæн цыбырæй загъта: «Махмæ». Ууыл ахицæн ныхас, фæлæ ахæм хъуыддаг æфсин куынæ барæвдз кæна, уæд чи? Æфсинимæ Хадзысмелæн ницы ныхас уыд — йе цæмæй рæвдз у, йе йæм истæмæй фæкæсын хъæуы, уыдæттыл нæ аныхас кодта йемæ Хадзысмел. Уыйадыл бирæ хъуыддæгтæ æрлæууыд Дзирæты зæрдыл, йæ цæргæ бон- ты дзы чи нал ферох уыдзæн, ахæм хабæрттæ. 95
...Дзирæт чындзы куы цыдис, уæд ын йæ мад æмæ йæ фыд фæдзæхстой: — Нæ чызг, стыр бинонтæм цæуыс æмæ цæрын базон. — Мæнæ иуæй-иутæ сæ хъама семæ куыд бахæссынц, Хуыца- уыстæн, æз ахæм исты бамбæрстон, зæгъгæ, уæд мæ-иу хъаст ма ракæн!.. — Ходыгъдтимæ «дæу у», «мæн у» ма бакæн. Цард ахæм ни- цæййаг хъуыддæгтыл фехæлы, кæрæдзийы зæрдæ ракъахынц. — Дзырдтой мад æмæ фыд ныхас кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ. Дзирæты уыдæттæй фæдзæхсын дæр нæ хъуыд, фæлæ уæд- дæр, мад æмæ фыдæн цы æмбæлд, уый загъта. Дзирæт хистæр чызг уыд, фæлæ хистæр дæн, зæгьгæ, йæ кæ- стæр хотæй уæлдай ницы домдта мад æмæ фыдæй. Дзаума дардта аив æмæ ауæрдгæйæ. Цы йын уыд, уымæй æрттивгæйæ цыд. Чындзæхсæвы фæстæ Дзирæт æмæ Хадзысмел, стæй йæ хотæ Хадзысмелæн, хъæуæй горæтмæ семæ ссыдысты. Фатер бах- хуырстой æмæ уым цардысты. Дзирæт-иу йæ куыстæй куы ’рба- цыд, уæд-иу хæринаг скодта, бафснайдта-иу, се ’ппæты дзабыртæ дæр-иу ныхсадта æмæ-иу сæ рæнхъ равæрдта. Æрбадынмæ дæр-иу æй не ’вдæлдис æмæ йæм-иу диссаг каст, йæ ходыгъдтæ æнæмæтæй куыд бадтысты сынтæгыл, уый. Йæ æрыгон хъарутæ ма уæд йæ- химæ уыдысты æмæ куыстытæм зивæг нæ кодта, фæлæ-иу уыдо- ныл дис кодта: «Æнцад бадынæй фæлмæцгæ дæр нæ кæнынц?» Иу бон, кæимæ куыста, уыцы сылгоймæгтæй иу Дзирæтæн бауайдзæф кодта: — Кæд дын бирæ дзаумæттæ нæ уыд, уæддæр чызгæй тынг аивæй цыдтæ, ныр та уыциу дзаумæтты цæуын байдыдтай. Æвæц- цæгæн, зæгъыс, чындзы ацыдтæн æмæ ма мын цы уæлдай у, и? Цы йын загътаид Дзирæт? Куыд ын^загътаид, йæ дзаума иумæйаг скодта йæ ходыгъдтимæ, уый? Йæ бинонты кой куыд ракодтаид искæмæн, кæд æм сылгоймаг хорз зæрдæ дардта, уæд- дæр. Æниу æй уый æнæ зæгъгæйæ дæр æмбæрста. Дзирæтæн искуы исчи йæ сывæллоны авдæн ауызта, уый нæ хъуыды кæны. Кæм-иу архайдта, уым-иу æй йæ куыстмæ хæс- тæг æрæвæрдта æмæ-иу къахæй авдæн уызта, къухтæй та йæ митæ кодта. Дыккаг сывæллон ын куы фæци, уæд-иу уый та хистæры бар бакодта. Авдæны тигъыл-иу ныххæцыд йæ гыццыл къухтæй æмæ- иу æй уызта, йæхæдæг дæр иу къахæй иннæмæ реуа кодта, аф- тæмæй. Дзых-иу бахæлиу кодта æмæ-иу авдæны гуыртт-гуыртмæ зарыд: «А-а-а-а-а-а-а». Фæлæ йын сывæллон не ’нцайы, зæгъгæ, уæд-иу йæхæдæг дæр кæуын райдыдта. Дзирæты чындзæхсæвы бон, чындзхæсджытæ куы ’рбацы- дысты, уæд йæ мадыфсымæры ус Дзирæтæн йæ хъус дардта, 96
Таузан сæ кæцы у, уымæ. Цæвиттон, Таузан кæй хуыдтой, уый ныхæстæ йæ хъустыл æрцыдысты: — Кæд не ’фсымæры хъæуы, уæд æй æрхæссæд, мах ницæ- мæн хъæуы. Таузан ацы ныхæстæ кæм кодта, уыдоны ус-иу афтæ: «Тæху- ды, мæ хæдзарæй Дзирæты хуызæн чындз куы ракæсид æмæ мæ куы ницы уаид». Таузанæй ахæм ныхæстæ куы фехъуыста, уæд йæхинымæр загъта: «Дзирæты чи нæ бауарза, уыдонмæ хуыз- дæр нал æрцæудзæн», æмæ уыйадыл йæ хъаст Дзирæты мады- фсымæры усæн ракодта. Уымæн йæ маст сонтæй рафыхт, æмæ йын цæйбæрц хъыг уыдис, уый уайтагъд йæ ныхæстыл фæзынд: — Уæдæ ма сæ цавæр чындз хъæуы цымæ? Уæдæмæ хорз алчи дæр йæхимæ гæсгæ æмбары. — Æмæ Дзирæтмæ сыхæгты уатмæ бацыд. — Таузан та кæцы у? Таузан хъазты уыд, фæлæ йын æй Дзирæт хуызæй бацамыд- та, æмæ ус йæ сыхаджы ныхæстæ Дзирæтæн рафæзмыдта. Тау- заны базонын æй цæмæн фæндыд, уый йын загъта. Усмæ афтæ фæкаст, цыма йæхицæй мастдæр никæмæн уыды- сты уыцы ныхæстæ, æмæ сыл чызг куыд смæсты, уый нæ бам- бæрста. Уыцы уысмæй Дзирæтæн йæ чындзæхсæвы бон емынæ фес- тадис. Йæ размæ йын сынтæгыл цы чындздзон дарæс æрæвæрд- той итувæрдæй, уыдон уынд дæр ын æхсызгон нал уыд. Кæрты даргъ фынгтыл бадтысты адæм æмæ сидтытæ уагъ- той. Зæрæдты ныхæстæ йæм раздæр рæвдыдау кастысты, фæлæ йæм уæд нал хъардтой. «Ныртæккæ мæ фыдмæ арвитдзынæн, æмæ ацы хъуыддаг фехала!» — фыццагдæр уыцы фæнд фæзынд Дзирæты сæры. Рудзынгæмбæрзæны аууонæй кæртмæ акаст æмæ адæмы астæу йæ фыды ауыдта. Йæ цæсгом уыд æнкъардхуыз. Цыфæнды тых- стæй дæр-иу зæрдæвæрæн ныхас зыдта, фæлæ уæд, — цыма йæ чызгыл кæй æрæнкъард, уымæй искæй зæрдæ фæхудынæй дæр нæ тарст, уыйау йæ зæрдæйы мидæг цы цыд, уый не ’мбæхста. Уый фенгæйæ Дзирæт бамбæрста, цæйбæрц маст скæндзæн йæ фыдæн, уый, æмæ уæд æндæр хъуыды равзæрд йæ сæры: — Мæ фыдæн ахæм маст скæныны бæсты, фæлтау цы уинаг уон, уый бауон... Дзирæтæн йæ цард йæ цæстытыл ауад æмæ йæ цæсгомыл мастæнгæс фæзынд. Цы бавзæрста, фæразоны цæстæй кæмæ каст, фæлæ рох кæнын чи нал бакомдзæнис, уыцы хабæрттæ та ногæй йæ цæстытыл ауадысты æмæ йæм мæйы æвзист хуызмæ кæс- гæйæ афтæ дæр фæкаст, цыма уазал ирдгæ хаста. 7 Томайты Мнсурхан 97
ДÆ ЦÆСТЫ РУХС МЫНÆРТТИВА 1 Афæхъо фæстаг рæстæг бирæ хъуыды кодта Заретæйы хъыс- мæтыл — уым, хохы баззайа, æви дарддæр ахуырмæ ацæуа го- рæтмæ, ууыл уыд иудадзыгдæр йæ хъуыды. Йæ хионтæй дæр æй кæмæндæрты загъта, фæлæ-иу æвæдза, йæ бинойнаг исты сдзырдта уыцы хъуыддаджы фæдыл, уæд-иу æм ахæм цæстæй бакаст æмæ-иу æй дзурын дæр нал сфæрæзта. Уый хæххон адæ- мæн сæ удыконд у ахæм — зынаргъдæр сын цы вæййы, ууыл уæлдай ныхас кæнын нæ уарзынц. Ус-иу былты цæфау фæцис йæ лæджы ахæм цæстæнгасæй æмæ-иу ын цы зæгъа, уый нал зыдта. Лæджы цæстæнгас та бæл- вырд дзырдта ныхасæй дзурæгау: «Ды йæ мад дæ, æмæ дзы дзæбæх чызг куыд рауайа, ууыл архай». Фæлæ уыцы цæстæнгас йæхæдæг та æндæр хуызы æмбæрста: «Мæ чызг мын чызджы бæсты дæр хъуамæ уа æмæ лæппуйы бæсты дæр». Æмæ уый хорз зыдта мад йæхæдæг дæр. Сæ чызг, йæ тæнтъихæг уæхсчы- тыл, хæдзары цы куыстытæ ис, уыдонæн сæ тæккæ фылдæр хай хаста. Хосгæрдæнты-иу йæ фыды фарсмæ куы ’рбалæууыд æмæ- иу уайтагъд стыр тъæпæн куы ныккарстой дыууæйæ, уæд цыма диссагæй ницы сарæзта, афтæ зындис, фæлæ-иу уайтагъддæр куыстыл фæбæрæг. Афæхъо ардæм, йæ фыдæлты коммæ, быдырæй æрбаивта. Хæдзар саразынвæнд скоота. Уыд ын куыстуарзаг бинойнаг æмæ гыццыл æнæнтыст чызг. Йæ къух фаг нæ амыдта, хæдзар сара- зынæн йе ’хца æгæр гыццыл уыдысты, æмæ уал, йæ бинонтыл кæм нæ уарыдаид, ахæм балæууæн сарæзта. Ус йемæ куыста, чызг та сын цумайæн бæззыд æмæ-иу æй куы цæмæ арвыстой, куы — цæмæ; йæ фæдыл-иу сæ къæбыла Гибыц дæр сцырын, кæрты иу кæронæй иннæмæ уагъд телыл бастæй. Хæдзар арæзт куы фæцис, уæд дæр Гибыц баззад йæ раздæ- ры бынаты. Уæдмæ базæронд æмæ цыдæр уæзбынхуызæй æнæ рæйгæ æмбаргæ цæстæнгасимæ каст, йæ рæзты дыууæрдæм чи цыд, уыдонмæ. Уалынмæ иу бон Афæхъо æндæр къæбыла æрха- ста кæцæйдæр, Мила, зæгъгæ. Уæдæ ма, дам, Гибыц цас фæцæр- дзæн. Гибыц та зæронд кæй бацис, иудадзыг уый тыххæй æнæ рæйгæ нæ уыд — йæ алыварс кæй уыдта, уыдонæй йын æнахуыр ничи уыдис æмæ сыл куыд рæйдтаид! Фæлæ-иу уый бæсты дæр Мила уыцы ракæнонхуыз сси, йæхицæй бузныг уæвæгау-иу рæйгæ ратæх-батæх кодта. 98
Хæдзар куы арæзтой, уæдæй фæстæмæ Заретæ, тæрсын цы у, уый нал зыдта. Æнафонтæм-иу иунæгæй баззад. Кæнæ йæм фыд æхсæвыгон сдзырдта: «Ауай-ма, чызг, бæхмæ акæс», уæд дæр ыл-иу цæст нал фæхæцыд. Талынджы-иу йæ къах дæр не скъуырдтаид, афтæмæй-иу фæстæмæ уайтагъд йæ бæхыл бад- гæйæ йæ хæдзармæ æрхæццæ. Иу æхсæв та йæм фыд сдзырдта: — Марадз-ма, чызг, акæс-ма, бæх цæуыл хуыррыттытæ кæны! Чызг йæхи кæлмæрзæны æрбатыхта æмæ феддæдуар ис. Хæ- дзарæй иудзæвгар ауайын хъуыдис, — уым баст уыд бæх даргъ бæндæныл. Дæллозæй цыд доны фæдисон хъæр. Уалынмæ чызгмæ дæр фехъуыстысты бæхы хуыррыттытæ æмæ ма йæ цас ауайын хъуыд, кæцы г>ан ис, уый бамбэерста. — Йоскæ, цы кæныс, Йоскæ? — Бæх йæ былтæ чызджы арммæ æруагъта. Заретæ йын йæ сæр æрсæрфта, афтæмæй йæ алыварс ахъахъхъæдта. Мæйдар æхсæв æм ницы зындис, фæлæ дæрд- дзæф йæ хъустыл ауад, йæ раззаг къæхтæ баст кæмæн уыдысты, ахæм бæхы æвæндон гæпп, æфсæйнæгты дзыгъал-мыгъул, æмæ чызг бамбæрста, Йоскæ цæуыл хуыррыттытæ кодта, йæ зæрдæ кæдæм ахсайдта, уый. 2 Иу бон Афæхъо æд галуæрдон былæй фæцæйхаудта. Лæг ма иуварс галтыл бæргæ ахæцыд, фæлæ йæхæдæг фæцудыдта, æмæ мæнæ Заретæ йæ разы нæ фæци, уæд былæй асхъиудтаид. Кæддæр- ты тыхджынтæ адæймагыл, рогæн куы фæхæцыд, уæд чызгæн, иуæй, æхсызгон уыд, фыдбылызæй йæ кæй фервæзын кодта, ахауын æй кæй нæ бауагъта, уый, иннæмæй та йын зын уыдис, фыд куыд тынг базæронд æмæ йæм хъару кæй нал ис, уый, æмæ фенкъард. Иæ фыдау чызг дæр тагьд нæ кодта йæ хъуыдытæ дзурыныл æмæ йæ кæд исты зæгъын фæндыд, фыды æнæхъарудзинад ын куыд зын уыд, уый фæдыл, уæддæр уæлæмæ ницы сфæрæзта, афтæмæй æнæдзургæйæ галты сæрбос райста æмæ сыл ахæцыд. Галтæ сындæг цыдысты, сæ сæртæ зæхмæ æруадзгæйæ. Заретæйы зæрдæйæ нæ хицæн кодта, хæхбæсты цæрын сын куыд зын уыдзæн амæй фæстæмæ, уый, æмæ тыхст. Цыма йæ исчи ныронджы цардæй тыххæй иуварс кодта, кæм схъомыл, уыцы хæхбæстæй, йæ бинонтæй, афтæ йæм каст. Фыд ницы дзырдта. Йæ дыууæ уæны бын лæдзæг ауагъта æмæ йын, йæ кæрæттыл хæцгæйæ цыд уæзбын къахдзæфæй, хъуыдытæ кæнгæйæ. Афтæ зынд, цыма йе ’взонг чызджы сæры цы хъуыдытæ зилдух кодтой, уыдонмæ ницы бар дардтой йæ хъуыдытæ. 99
3 Къуырийы фæстæ, иуизæр бинонтæ æхсæвæр куы бахорд- той, уæд Афæхъо загъта: — Чызг, байхъус-ма. — Заретæ ныууагъта йæ тæбæгътæ æхсын. — Далæ, мæ хур, ацу горæтмæ, æмæ дарддæр сахуыр кæн. Фы- сыммæ, нæхимæ, ме ’фсымæртæм уыдзынæ. Дæхи зон. Фыд нæ зыдта уæлдай буц ныхæстæ кæнын, фæлæ йын зын уыд йæ чызгимæ хицæн кæнын æмæ та ногæй йæ цæстытыл, хос куыд ластой, уый ауад æмæ ацы хатт ноджы фидардæрæй загъта: — Мах дæр исты амæлттæ кæндзыстæм. Дæхи зон, мæ хур... Æмæ уыцы ныхæстæй йæхæдæг дæр бамбæрста, лæппуйы бæсты йын кæй уыд йæ чызг, уый æгъгъæд кæй нæу, æрмæст- дæр æм уыцы цæстæй кæса, уымæн. Уæддæр цæуылдæр дардта йæ зæрдæ æмæ та, цыма искæимæ ныхас кодта, уыйау загъта, агъуысты йæхицæй дарддæр куЫничиуал уыд, уæд: — Дарддæр цы уыдзæн, уый дæр та фендзыстæм... МÆ ГЫЦЦЫЛ ХО 1 Ленæ нæ уынгмæ нæма схæццæ уыдаид, фæлæ æз уæддæр йæ размæ рацыдтæн. Кæцы тигъæй фæзындзæн, уæллаг æви дæллагæй, уый нæ зыдтон, æмæ-иу уæлæмæ дæр акастæн æмæ дæлæмæ дæр. Хорз æмæ Верæмæ бафтыд, æндæр ын чи бацамыдтаид, кæм кусын, уый. Телефоны хæтæлæй Верæйы хъæлæс куы фехъуыс- тон, уæд ыл фæдис кодтон. Диссагæй дæр дзы цы уыд, æрва- дæлтæ стæм, фæлæ сæмбæлгæйæ цы аныхас кæнæм, æндæр те- лефонæй кæрæдзимæ сæрмагондæй никуы бадзурæм. Мæн агургæйæ Ленæ Верæйы куыстмæ бафтыд, йæ кабине- ты дуарыл, цы мыггаг агуырдта, уый куы бакаст, уæд ыл мæн æнхъæлæй бацин кодта. Верæ, чызг мæн агуры уый куы бам- бæрста, уæд телефонæй сдзырдта. «Æмæ кæд ссыд цымæ?» «Стæй мæм Верæйæ цæмæн дзуры» — ахæм фарстатæ февзæрди мæ сæры. — Цалдæр азы йыл цæудзæн ныр, фехъуыстам, йæ мадимæ Астæуккаг Азимæ ацыд, зæгъгæ. Уыр^дæм, дам, аивтой. Куы цыд, уæд мæ уынгæ дæр нал фæкодта. Верæ чызгмæ телефоны хæтæл куы радта, уæд мын мæ ном сдзырдта æмæ йæ хъуыр ахгæдта. Æз дæр мæ цæстытæ доны разылдтон. 100
Верæ йæ бæсты сдзырдта: — Скуыдта, мæгуыр. Ныртæккæ дæм фæцæуы. Ацы ран ку- сын æнхъæл ма дын уыд. 2 Ленæйы мад æмæ фыд-иу фæхыл сты, фæзагъд-иу кодтой, стæй, иу хатт куы уыд, уæд ахицæн сты. Чындз фыдæнæн йæ гыццыл чызджы æфсины къухты ныууагъта æмæ ацыд, стæй йыл афæдз куы рацыд, уæд нæм иу зымæгон изæр иу сылгойма- гимæ æрбалæбурдта æмæ йæ сывæллоны ахаста. Сывæллон мадыл ахуыр нал уыдис æмæ йæ хъарм хъæццулы куы æрбатыхта, уæд фыццаг бацин кодта «дай-дай» зæгъгæ, уымæй афтæмæй йæ махæй исчи æддæмæ хæссы, фæлæ нæ йæ бынатæй куы ничи фезмæлыд, уæд ныккуыдта. Афтæмæй йæ кæугæйæ ахаста. Æз тынг ахуыр уыдтæн Ленæйыл. Мæхи-иу йæ разы сонт зылд куы фæкодтон, уæддæр-иу худæгæй бакъæцæл; сывæлло- нимæ чи хъаза, уыимæ уæлдай лымæндæр вæййы. Мæ цæстытыл иудадзыгдæр йæ митæ уадысты. . Нæ фæстаг æхцайæ дæр-иу, сывæллонæн цы хъуыд, уый бал- хæдтам. Мæ мад-иу ын адджын гуылтæ тæвд æхсырыл куы ассæста, æмæ-иу ын сæндæг куы лæвæрдта, уæд-иу æз дæр бамондаг дæн. Кæд мыл æртындæс азы цыд, уæддæр ма æз дæр сывæллон уыдтæн. Фæлæ Ленæ куы схъуаг уа, зæгьгæ йын йæ хæринагмæ никуы бавнæлдтон. Ленæйыл иу аз куы сæххæст, уæд ын уыцы бонмæ балхæд- там, йæ зæхх цъæх кæмæн уыд æмæ стыр дидинджытæ кæм уыд, ахæм хъуымацæй къаба. Пъолыл хъæццул æрытыдтам æмæ йæ ууыл æрæвæрдтам. Йæ фæйнæ кæрон ын æрæвæрдтам хæсгард, судзин æндахимæ æмæ хъазæнтæ. Йæ алыварс æрбадтыстæм æмæ йæм цымыдисæй кастыстæм, цы сисдзæни, зæгъгæ, — ома куы сдынджыр уа, уæд цы уыдзæн. Сывæллонмæ алцы дæр диссаг каст æмæ-иу куы иу дзаумамæ февнæлдта, куы — иннæмæ. Арæх-иу рауад нæ бинонтæм Ленæйы кой. Иууылдæр æй мы- сыдыстæм, æмæ иу райсом мæ мад æмæ мæ фыд загътой: «Мæнæ нæм кæд æхца исты æрбамбырд уа, уæд хъуг балхæндзыстæм æмæ Дзыгыйы (афтæ хуыдтам Ленæйы) æрбакæндзыстæм. Æз мæхинымæр сцин кодтон, уæдæ Дзыгыйы фæстæмæ æрба- кæндзыстæм, зæгъгæ, фæлæ уыцы ныхæстæй дæр ницыуал ра- уад; Дзыгыйы нал æрбакодтам. Ленæйы мад йæ чызджы фыдæнæн уагъд куы ныккодта йе ’фсины къухы, уæд дзы ус гæххæтт бацагуырдта, куыд æм ницы 101
бар дардзæн, уый тыххæй, кæннод та, дам, дæ сывæллоны ахæсс. Фæлæ йæ уæд нæ бафæндыд йæ ахæссын: «Аппар æй цъыфмæ. Мæн ницæмæн хъæуы!» — загъта сылгоймаг æмæ ууыл йе ’фсинмæ фæстæмæ дæр нал фæкасти. Йæ мад æй цы изæр ахаста, уыцы изæр æз пъолтæ ныхсадтон æмæ, куы бахус сты, уæд æй мæ мад йæ хъæбысæй æруагъта æмæ ног æхсад пъолыл йæ уæрджытыл быргæйæ дыгъал-дыгъул кодта, бамбарæн кæмæн нæма уыд, ахæм «ныхæстæ», афтæмæй æвиппайды агъуысты дуар куы фегом æмæ æнæзонгæ сылгой- мæгты куы ауыдта, уæд мæ мады ’рдæм фæцæйлыгъд, фæлæ йыл йæ мад йæхи ныццавта æмæ йæ йæ хъæбысмæ фелвæста. Рæстæг цыд. Мæ зæрдæ йыл раздæрау нал рыст. Афтæ мæм каст, цыма мын уæлдай нал уыд, искуы ма йæ куы^фенин, уый, афтæмæй нæм æй йæ мад кæимæдæр æрбарвыста. Йæ зæрдæйы арфæй йæм кæцæйдæр цыдæр хорз зонд сдзырдта, уадз æмæ йæ йæ бинонтæ феной, зæгъгæ. Нæ бинонтæй кæйдæр ныхас куы айхъуыстон «Дзыгы нæм æрба- цыд», зæгъгæ, уæд йæ размæ ратахтæн. Рох мæм чи каст, уыцы мысинаг та дзыхъхъынногæй фехъал. Иууылдæр уыдысты хъæл- дзæг, нæ цин нæ цæстытыл зынд. Нæ алкæй дæр фæндыд цыдæр зæгьын сывæллонæн, ферох нæ кодта, ууыл нæ хъуыды кæнгæйæ. — Уæ, мæнæ ма мæ гыццыл чызджы уынын! Нал мæ зоныс, Дзыгы? — Дзырдта йæм мæ мад, æмæ бæрæг уыд йæ ныхæстæй, сывæллон æй кæй нал зоны, уый йæ зæрдæйæн цæйбæрц зын уыдис, уый. Дзыгы мæнæн дæр сси æцæгæлоны хуызæн. Уымæн, йæ уæр- джытыл цы хæмпус сывæллон бырыд, уый йеддæмæ ницыуал уыд. Нæ разы лæууыд, йæ бурдзалыг дзыккутыл урс уадздзаг баст, йæ гыццыл къæхтыл дзабыртæ нæ, фæлæ фæлмæн сæрак туфлитæ кæмæн уыд, ахæм гыццыл чызг цыбыр цыллæ къабайы мидæг. Йæ къухыл ын ныххæцыдтæн æмæ йæ иннæ уатмæ бакодтон. Мæн фæндыд, хæдзары цы дзаумæттæ уыд, уыдоны уынд ын йæ зæрдыл куы æрлæууын кæнид, мах кæй уыд, ацы агъуысты, цæуын куы нæма зыдта, уæд йæ уæрджытыл куыд бырыд, уыдæттæ. Фæлæ Дзыгы алцæмæ дæр каст æнцад. Æнахуыр адæй- магæй куыд атоны йæхи сывæллон, афтæ дæр мæ йæхи нæ иуварс кодта, афтæмæй, цыма йæхи дæр, цы йын бавæййæм, уый æрхъуы- ды кæнын фæндыд ногæй æмæ ууыл хъуыды кодта, уыйау-иу ахъахъхъæдта хæдзары къуымты. Æз дæр та йæм лæгъстæгæнæгау сдзырдтон: — Дзыгы, нал мæ хъуыды кæныс? Æз Зарæ дæн, Зарæ... — Мæ хъæбысы йæ æрбакодтон. Фæлæ мæм уый уæддæр ницы уæлдай дзырдта. Куы фестырдæр, уæддæр та нæм æрбацыд. Скъоламæ цæуын 102
райдыдта. Уæдмæ базыдта, чи йын дæн, уый, æмæ мæ ногæй бауарзта. Æз ын лæвæрдтон чингуытæ, нывтæ, цыдæр хиирхæф- сæнтæ. Æз йæ фыдыхо дæн, Дзыгы æрмæстдæр уый зыдта, æндæр ницы. Æз та уымæй фылдæр хабæрттæ зыдтон æмæ мæ иу хатт куы бафарста, искуы æз дæр уыдонмæ ацæудзынæн æви нæ, уымæй, уæд ын цы загътаин, уый нæ зыдтон. Бацæудзынæн уæм ын загътаин, æмæ мæм уæд æнхъæлмæ кастаид, фæлæ хорз æмæ æндæр ныхæстыл фестæм æмæ мæ дзуапп дæттын нал бахъуыд. Уæддæр та мæ-иу уыйфæстæ дæр бафарста. Стæй, куыд æмбаргæдæр кодта, афтæ, æвæццæгæн æмæ цыдæр бамбæрста, йæ мад махмæ кæй нæ цыд, мах та уыдонмæ, уымæй æмæ мæ, махмæ цæуылнæ цæуыс, зæгъгæ, ни- куыуал бафарста. Мæ лæвар чингуытæ Дзыгымæ бирæ уыди. Мæ номыл сæ дардта. Сæ алкæуыл дæр уыд мæ къухæй фыст ныхæстæ æмæ мæ ном. Фæстаг хатт ма куы федтон Дзыгыйы, уæд уынджы амбæл- дыстæм: фæстæрдыгæй мыл йæхи æрбаппæрста. Фæкастæн æм — æмæ мæ гыццыл хо... Иучысыл фæстæдæр цыд йæ мад æмæ йын бахудгæйæ, мæнырдæм къæмдзæстыг каст кæнгæйæ, уайдзæфтæ кодта: — Искуы ма хи афтæ баппаргæ уыд адæймагыл? Æнæзонд! Ницы кæны, зæгъгæ йæм сдзырдтон æз уыцы ныхæстæм æмæ Дзыгыимæ, йæ къух мæ дæларм бакодта, афтæмæй цыдыстæм тротуарыл. Мад цыдæр хабæрттæ кодта йæ чызджы тыххæй. Æз дæр-иу уыцы ныхæстæм сдзырдтон: Дзыгыйы куы ахаста махæй, уæдæй фæстæмæ йæ никуыуал федтон, фæлæ йæ, цыхуызæн у, уымæй нæ бафарстон. — Адæймаг у, кæд дзы нæ бинонтæ маст федтой, уæддæр. Уый дæр æнцон царды бонтæ нæ арвыста, ууыл мын дзырдтой, урс чи афæлдæхтис, йæ сæры уыцы хилтæ. Йæ хъуыддæгтæ дзы нæ ферох сты, уый бæрæг уыд йæ цæс- тæнгасыл, йæ бон мæм Дзыгыйы хуызæн æнæгуырысхойæ кæй нæ уыд сдзурын, ууыл. Дзыгы та мæ хо у, мæ гыццыл хо. Афтæ фæзæгъы адæймаг буцдæрæн, æмæ йын зынаргъ чи у, уыцы адæй- маджы цыма йæ уыцы ныхасæй йæ риумæ æрбалвасы, йæ хъæ- бысы йæ акæны. Ныр та, уæллаг кæнæ дæллаг тигъæй æрбазындзæн Дзыгы æмæ йæм мæ цæстытæ ныуурс сты, цыма фынддæс минуты нæ, фæлæ мæм цалдæр сахаты размæ æрбадзырдта, уыйау. 103
АДÆЙМАГÆЙ АДÆЙМАДЖЫ ’ХСÆН... Адæймагæй адæймаджы ’хсæн стыр быдыртæ ис, зæгъгæ, уыцы ныхас мæ зæрдыл æрлæууыд, мæ фыдæлты уæзæг, Куырттаты комæй куы ’рбаздæхтыстæм, уæд. Сæрдыгон адæймаджы бирæ хъуыддæгтæ вæййы, фæлæ иу къуыри мæхи тыхтонæгау акод- тон хæдзарæй мæ сывæллæттимæ, иугыццыл аулæфон, зæгъгæ. Адæймаг цæры, æмæ йæ царды мидæг цы уыны, кæимæ æмбæ- лы, уыдон ын æнæмæнг йæ зæрдæйы цыдæр фæд ныууадзынц, хъуыдытыл æй бафтауынц, æмæ, адæймагæй адæймаджы æхсæн стыр быдыртæ ис, зæгъгæ, уыцы ныхас дæр мæ зæрдыл уый тыххæй æрлæууыд. Аив мæм нæ каст æхсæз адæймагæй искæй батыхсын кæнын хионтæй (немæ ма уыд æд сывæллон сылгоймаг), æмæ нын зæрдæ чи бавæрдта фатерæй, уыдонмæ бадзырдтам, фæлæ нын нæ зæр- дæвæрд бынат кæмæндæр радтой. Уæдæ ма ныр цы бакæнæм, зæгъгæ, æндæрты дуар бахостам поселочы. Дыууæ бахостæн нæм ничи ракаст, афтæмæй галиуырдыгæй дуары дæгъæл чидæр куыд азылдта, уый фехъуыст, æмæ дуар байгом... Карджын ус йæ ха- латы æгънæджытæ æвæргæ рахызт. Фæрсæгау мæм каст, æмæ йын нæ хабар бамбарын кодтон. — Кæд иу къуырийæ фылдæр нæ уыдзыстут ам, уæд ууыл та цы тыхсут. — Мидæмæ рацæут. — Загъта ус. Йæ фæстæ куы бахызтыстæм, уæд, мидæггаг агъуыстæй ра- уайгæйæ йæ разы цы дыууæ лæппуйы алæууыд, уыдоны иуварс ассонæгау кодта. — Мæнæ уын уый агъуыст. Дыууæйæ мæнæ ацы сынтæгыл ху- ысдзыстут, уæртæ уый та — сывæллонджынæн. Мæнæ ам та, — ацамыдта пъолыл цы тæнæг гобан æппæрст уыд, нæ бацыдмæ сы- вæллæттæ кæуыл хъазыдысты, уымæ, — дæ лæппутæ хуысдзысты. Цытæ нæ хъæуы уæдæ, зæгъгæ, æндæр ницæуылуал батых- стыстæм. — Цæмæй уæ хъуамæ стыхсон? Горæты мын зонгæтæ кæй уыдзæн, уый та мын цæй аргъ у, — дзырдта нæ фысым. — Хатыр бакæн. Цы дын бафидын хъæудзæн, уый нын зæгъ, æппындæр æй æфсæрмы ма бакæн. — Мæ зæрдæйы арфы æфсæр- мы кодтон афтæ бафæрсын, мыййаг нæ æхца куы нæ кома, зæгъгæ, фæлæ йæ ма бафæрсон, уый дæр мæм аив нæ каст. Цыма, уымæй бафæрсьшæй та цы ’фсæрмы кæныс, зæгъгæ, зæгъи- наг уыд йе ’нгас, æмæ йæ дзуапп цæттæ уыд рагацау, уыйау æвæстиа- тæй загъта, мæ цæстытæ цæхæртæ кæмæй акалдтой, ахæм аргъ. 104
Тынг диссаг мæм фæкаст ацы дзуапп; денджызы был дæр ма куы нæ ныкъкъуырынц ахæм аргъ фатеры иу бон фæцæрæггаг, уæд кæм, кæм, фæлæ мæ фыдæлты комы ахæм ныхас рауайæд! Уæддæр æм уæлдай ницыуал сдзырдтон, æмæ мæ зæрдыл æрлæу- уыдысты æндæр рæстæджытæ, ардæм æрбацæугæйæ-иу мæ фы- димæ иу ранæй иннæмæ куыд цыдыстæм, адæм æмæ фос цы нарæг къахвæндæгтæ скодтой рæгътыл, уыдоныл, уый. Иухатт мын мæ фыд комы рæбынмæ бацамыдта: — Уартæ уый Бакъот хуыйны. Уым-иу мах, æвзонг лæппутæ, арæх хызтам фос. Бирæ азты размæ та, згъæркъахджыты поселок Фиагдон арæзт дæр куы нæма уыдис, уæд та мын Барзыхъæуы, нæ хæстæг Гуы- риаты Аминæты хæдзары разæй бацамыдта ардæм. — Уалæ уым, Æхсабийы фæзы, хæдзæрттæ араздзысты æрзæт- къахджытæн. Зын зæгъæн у ныхасæй, мæ бинонты зæрдæты Аминæтмæ цавæр уарзондзинад баззадис, уый. Мæ цæстытыл уайы, йæ размæ чысыл хуылхуылгæнаг доныбыл дæргъæй-дæргъмæ гæдыбæ- лæстæ рæнхъ кæм лæууы, уыцы хохаг дурæй арæзт хæдзар. Мæ фыдимæ сæм фыццаг хатт куы ’рбацыдтæн, уæд мыл фынд- дæс азæй фылдæр нæма цыдаид, фæлæ мæ абон дæр нæ рох кæны Аминæт. Ныр дæр ма мæ зæрдыл лæууынц, цыма сæ ныртæккæ дæр хъусгæ кæнын, уыйау йæ фæлмæн ныхæстæ, цыдæр хорздзи- над бакæнын ма йæ кæй фæндыд мæнæн, йæ уыцы ныхæстæ. — Æнæ рæвдыдæй мын цæуы ацы гыццыл чызг. Мæ мардмæ дæр мын-иу ма ’рбацу. — Нæ фæдыл рацæугæйæ кæуынхъæлæ- сæй дзурæгау дзырдта Аминæт, æмæ, цыма уыцы ныхæстæ ме уæнгты хъардтой, афтæ мæм каст. Йæ зæрдæйы хорздзинад уый- бæрц диссаг кæмæ нæ касти, фæлæ йæ къухы цы нæ уыд, ууыл стыр хъыг кæй кодта, ууыл мæ зæрдæ суынгæг, мæ хъустыл та, цыма мын сæ исчи дзырдта, уыйау уадысты Къостайы æмдзæв- гæйæ цалдæр ныхасы: «Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды иуæй иухатт», «Бирæ цыдæртæ мæгуыры...» афтæмæй мæ цæстысыгтæ тыххæй уромгæйæ араст дæн нæхимæ мæ фыды фæдыл. Уымæй фæстæмæ æз нал федтон Аминæты, фæлæ-иу мæ фыд алы хосгæрдæн афон дæр цыфæндыйæ дæр йæхи февдæлон код- та, Аминæтæн хос ракæрдон, зæгьгæ. Аминæтæн йæ чызг дæр амард æмæ, æвæццæгæн, хæдзары ничи цæры. Иннæ хæдзæрттæй уæлдай ацы хæдзар дæлбыл ис. Дыккаг бон йæ рæзты куы æрцæйцыдыстæм, уæд та, кæддæрау, æнæн- хъæлæджы хур æрбакастæй куыд барухс вæййы адæймаджы зæрдæ, афтæ мæ зæрдæмæ бахъардта æнахуыр рухс ацы хæдзары фендæй. Иуæй, хæдзары ных чъырæй цагъд уыд æмæ йæ уый цæрæг- хуыз кодта, иннæмæй та, уыд æдзæрæгхуыз, кæрты уæрагæй 105
бæрзонддæр чи фæцис, уыцы кæрдæджы уындæй. Кæртæн, цал- дæр фæйнæджы кæрæдзиуыл хуыд, ахæм дуар. Æмæ цыма уый дæр рагæй ничиуал айтыгъта, афтæ зындис... Цыдæр у, æвæдза, фыдæлты зæхх! Æппындæр дзы кæд никуы цардтæн, уæддæр мын зынаргъ чи у, уыцы уидæгтæ ардыгæй рай- дыдтой. Алы дур дæр, алы дæлвæз дæр хорз зыдта ам мæ фыд. Фæндæгтæ. Цыма хæхты ставд бæндæнтæй бабастæуыд, уыйау алырдæмты цæуынц фæйнæрдæм: Къорамæ, Гулимæ, Дзуары- хъæумæ, далæ уый та — Дзæуджыхъæумæ. Дыууæрдæм ыл кæ- нынц машинæтæ. Комы диссаджы уæлдæф адæймаджы уæнгты иннæрдæм хизы, æнцондæр у йæ улæфт, цыфæнды бæрзондмæ куы хиза, уæддæр. Уый фæндзайæм азты уыд. Уыцы рæстæг кæд машинæйыл бамбæлдаис, æндæр иу ранæй иннæмæ автобустæ нæма цыдис æмæ-иу Куырттаты коммæ цæугæйæ мæ мад мæ фыдæй арæх фехъуыста «Хъобаныл бауадтæн», зæгъгæ, æмæ уый дæр, уыцы ныхас йæ зæрдыл бадаргæйæ, нæ сыхæгты чындздзон чызг æмæ æз йемæ, афтæмæй Куырттаты коммæ Хъобаныл ацыд. Хъобаны онг бацыдыстæм æрдæгæхгæд машинæйы, афтæмæй ныл тыхджын къæвда ’рцыд. Сæрæй къæхтæм ныххуылыдз стæм æмæ куыд нæ тыхстаид мæ мад? — сæхæдæг ма — гьа, фæлæ — æз, сывæллон, куы фæрынчын уон уыцы хуылыдзæй, зæгъгæ. Хорз æмæ сæ фысымыл тыхсын нæ бахъуыд. Немæ машинæйы чи бадт, уыдонæй нæ, куы рахызтыстæм, уæд, кæрæдзийæн бар нæ дæтгæйæ, алчидæр сæхимæ хуыдта, уæхи бахус кæнут, стæй дарддæр цæудзыстут, зæгъгæ. Фæлæ, сылгоймæгтæй фыццаг- дæр кæй хæдзармæ бахæццæ стæм, уый нæ къахдзæф дæр нал ауагъта æмæ нæ сæхимæ бакодта. Нæ фысымтæ нын уайтагъд нæ хуылыдз дзаумæттæ раласын кодтой æмæ нæ диссаджы фæлмæн хуыссæнты схуыссын код- той. Хъæццулты дари цæстытæ æмæ урс-урсид цъæрттæ мын баиу вæййынц ацы хабар æрымысгæйæ, электрон рухсимæ, ахуыр ыл кæй нæма уыдтæн, æвæццæгæн æмæ уый тыххæй, — уыцы рæстæг æппæт хъæуты нæма уыд ахæм рухс. Уайтагъд куыд нæ схъарм уыдаиккам, иуæй, нæ хъарм хъæц- цултæй, иннæмæй — нæ фысымты хорз зæрдæйы уагæй. Уалынмæ нын, цы уаты уыдыстæм, уырдæм ног картоф стыр тæбæгъы мидæг æрбахастой. Лæхурæг стыр картæфтæ-иу, сисон дзы, зæгьгæ, уæд къухы бын апырх сты. Нæ фысымтæ чи уыдысты, уый нæ зонын, бирæ сæм нæ фестæм, фæлæ мæ абон дæр нæ рох кæнынц. — Сæ хæдзары сæрмæ уыд рагъ, уырдæм мæ сæ чындз- дзон чызг скодта æмæ дзы дидинджытæ тыдтам. Уыдон дæр уыдысты, мæнæ ам, Куырттаты комы цы дидин- джытæ тыр-тыр кæны дымгæмæ, уыдоны хуызæн. 106
Адæймагæн искуы уæвгæйæ йæ зæрдæ йæ бинонтæм кæм нæ фехсайы. Мин фарастсæдæ æхсай дыккæгæм азы мæн арвыстой Мæскуымæ Литературон институтмæ. Ме ’ппæт ахуыры рæстæг дæр бинонты зæрдæ мæнмæ æхсайдта, мæ зæрдæ та — уыдонмæ. Мæ зæрдæ иудадзыгдæр тарст исты хабар фехъусынæй. Ахуыр фæдæн, паддзахадон фæлварæнтæ дæр ахицæн сты, нæхимæ цæуынмæ мæхи цæттæ кодтон, афтæмæй тел райстон мæ фыды амарды тыххæй. Чи нæ уарзы йæ мад æмæ йæ фыды, фæлæ адæймагæй адæй- маджы æхсæн стыр быдыртæ ис, зæгъгæ, куы зæгъын: мæ фыд уыд æнахуыр адæймаг. Бирæ хатт-иу нæ мад йæ фынæйæ райхъал æмæ нæм-иу æддаг уатмæ рацыд, Хуыцауы тыххæй бадгæ ма кæнут, зæгъгæ. Ныхас- иу кодтам бирæ цæуылдæрты: рагон æмæ ног хабæрттыл, цардыл. Мæ фыд, кадæггæнæг Томайты Мысырби, хохæй-быдырæй кæм цыдис, алкæй дæр-иу фæндыдис йæ цæгьдтытæм байхъусын, æмæ мæнæ ам, хохы уæвгæйæ уæлдай арæхдæр æрлæууынц мæ зæр- дыл йæ кадджытæ æмæ йæ зарджытæ. Баиу мын вæййынц, цагъд æмæ ныхас куыд баиу вæййынц зарæджы, афтæ мæ фыдæлты комы рæсугъддзинад æмæ, мæ фыд цы кадджытæ кодта, уыдон. О, æмæ мæ фыды зианы кой кодтон. Тел куы бакастæн, уæд мæ цыма мæ сæрæй мæ къæхтæм ток ныццавта, уыйау фæдæн. Мæ фарсмæ мæ хорз авайраг æмбал Майсарат Магомедова мын мæ къухмæ бавнæлдта, цы хабар у, зæгъгæ, æмæ йæм æнæдзур- гæйæ гæххæтт радтон. Хабар куы базыдта, уæд уый дæр скуыд- та. Æмæ мæ уый дæр никуы ферох уыдзæн. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ ацы дунейы цæры адæм, нацитæ нæ фæлæ; авайраг чызг скуыдта мæ фыдыл, ме стыр хъыгыл, æмæ уымæн дæр ферохгæнæн нæй. Уымæй иу къуыри раздæр ныхас кодтам мæ фыдимæ телефо- нæй æмæ, мæнæ ме ’мбал дæр мемæ ис, зæгъгæ, хæтæл Майса- ратмæ дæр авæрдтон. Уыйимæ дæр дыууæ ныхасы скодта мæ фыд: «Как дела, дочка?», зæгъгæ йæ бафарста. Дзæгъæлы фыцынц ацы дуджы кæрæдзимæ мæстæй адæмтæ. Æппæт адæмтæ æвзæр уой, уый гæнæн нæй. Ис хицæн адæй- мæгтæ æмæ уыдон сты змæнтджытæ, бинонты ’хсæн куыд вæййы, афтæ, æмæ хъуамæ кæрæдзийы бамбарæм иууылдæр. Басабыр уæм æмæ нæм адæймаг уазæгуаты куы ’рбацæуа, уæд-иу раздæ- рау, дуар байтындзыны размæ хъуамæ зæрдæ байгом уа, æмæ нæ дзыхæй схауа мидæмæ, зæгъгæ, уыцы ныхас. Уæд нæ цæу- дзæн уæйгонд нæ фыдæлты кæмтты уæлдæф. Уæд нæ цæудзæн уæйгонд уарзондзинад иу адæймагæй иннæйы ’хсæн, уæд къад- дæр уыдзысты иу адæймагæй иннæйы ’хсæн быдыртæ... 1990 аз 107
НÆ ЗÆРОНД ФЫСЫМ Æнцон нын нæ уыд горæты уынгты зилын. Æртæйæ, мæ мад æмæ нæ зонгæ усимæ фатер агурынæй бафæлладыстæм. Æппынфæстаг денджызмæ хæстæг уынгтæй иуы нæ размæ фæци æрыгон сылгоймаг æмæ нын уый, агъуыст кæмæ суæгъд, ахæм хæдзар бацамыдта. Нарæг цъæхахуырст дуар бахостам дызæрдыггæнгæ, кæд та уымæй дæр искæмæн зæрдæ бавæрдтой æмæ сæм дзæгъæлы ’рба- цыдыстæм, зæгъгæ. Уалынмæ дуары зылын æхгæнæн базмæлыд, æмæ нæм ацæргæ ус ракаст. Йе ’нгæс уыд тар æмæ уымæй афтæ зынд, цыма нæм кæронмæ дæр нæ байхъусдзæн, афтæмæй йæ дуар фæстæмæ рах- гæндзæн; бирæ фысым агурджытæ ис æмæ сæ стыхстысты. Фæлæ ус йæ агъуыст никæмæн ма радта æмæ дзы мах æрцардыстæм. Цас бæллиццаг уыд — нарæг къуым. Дыууæ сынтæджы ’хсæн æрмæст къах æрæвæрыны фаг бацæуæн. Рæбынæй гыццыл цып- пæрдигъон рудзынгæй рухс мидæмæ фаг нæ цыд æмæ, дуар æрбах- гæн, уæд агъуыст уыд бынтон ныггæндхуыз. Æрмæст къæсæр- гæрон, кæрты цы сатæг уыд, бæласы бындзæфхадыл арæзт цы стъолгонд уыд, уыдонæй зæрдæ рухс кодта. Æмæ уый дæр хорз, фæлæ мæн фæндыд денджызмæ акæсын æмæ æрхъæцмæ нал хъæцыдтæн. Уынджы гыццыл куы ныууа- дыстæм, уæд нæм разынд дардæй. Былгæрæтты адæмæй уыд йедзаг: чи йæхи надта, чи хуыссыд хурмæ. Денджыз змæлыд. Цыма йæхи тох самайынмæ цæттæ кодта, уыйау-иу тызмæг уылæнтæ æрбахаста, фæлæ сæ адæм нæ тарсты- сты. Æнцад сæхи надтой æмæ уыцы уылæнтыл цингæнæгау ден- джызы цъиутау цъиах-цъиах кодтой. Не ’рбацыдмæ нæ фысым кæр- ты цыдæртæ архайдта. Йе ’рфгуыты бынæй нæм иу каст скодта. — Æрбацыдыстут? — бафарста нæ. Уый уыд бæрзонд хæрзхуызтæ сылгоймаг. Цыдаид ыл иу- æртиссæдз азы. Æппынæдзух дæр ын уыд тар æнгас. Иудадзыг- дæр æнæвдæлон. Куы, цæхæрадоны зæхмæ цы дыргътæ æрыз- гъæлд, уыдон лыгтæ кодта æмæ сæ фæйнæджы гæбæзтыл хурмæ æвæрдта, куы, дидинæгдоны цы стырцæст дидинджытæ зад, уыдонимæ æмæ халсартимæ архайдта, куы та хæринаг кодта. Дыккаг бон денджызы былæй куы ’рбацыдыстæм, уæд нæ фы- сым}>1 æрбаййæфтам къамæй хъазгæ йæ уазджытимæ. Иууылдæр сæхи къамтыл ирхæфстой, æмæ нæм диссаг нæ фæкасти, нæ зæ- ронд фысымы дæр къамæй хъазгæ куы æрбаййæфтам, уæд. Уыйфæстæ дæр-иу æй, изæрдалынгты, арæх уыдтам къамæй 108
хъазгæ. Йæ боны куыстытæ-иу куы фесты, уæд ын æндæр цы куыст уыдис, уæдæ? Кæд-иу æм хорз къамтæ уыдис, уæд та-иу хъуысыд йæ хъæл- дзæг ныхас, йæ фæсусгомау худт, науæд-иу ныхъхъус ис æмæ-иу æнæдзургæйæ, æрфгуыты бынæй кæсгæйæ, æппæрста йæ къамтæ, цыма-иу йæ зæрдыл исты уæззау фыдтæ æрлæууыд, уыйау. Иу бон уазал уыд, æмæ денджыз йæ хуыз аивта. Фæлурсæй æнцад лæууыд æмæ, йæ сæрты цы рог дымгæ хъазыд, уымæй лыстæг зырзыргæнаг уылæнтæ кодта йæхимидæг. Нæ фатермæ рацыдыстæм, уæдæ цы уыдаид. Изæрæй нæм нæ фысым æрбауад. Æхсæвæр æвæрæм стъолыл, уый куы федта, уæд хатыр ку- рæгау йæ цæнгтæ сцагьта, бахъыгдардтон уæ, зæгъгæ, æмæ сыс- тад, фæлæ йæ мах ской дæр не суагътам, æмæ зæронд ус æрбадт уæд фæстæмæ йæ бынаты. Хъарм бон адæймагæн æхсызгон цы уддзæф вæййы, уый дæр ихæны хос уыд адæймагæн агъуысты мидæг бадгæйæ. — Ацы сæрды хуызæн уазал нæм ацафонты никуыма уыди. Адæм та ацы азы хуызæн никуы фæцыди. Бон нæм иу-дæс хатты æрбадзурынц фатер агурæг, — загъта нæ фысым. — Абон нæм иу сылгоймаг æрбацыд йæ гыццыл лæппуимæ, кæд, дам, уæм агьуыст ис, мыййаг, дысон, дам, вокзалы фæбадтыстæм. Дымгæ кæнын райдыдта. Йæ футтытæм кæсгæйæ не ’ппæт дæр батыхстыстæм, цыма нæ æнæ фыдбылыз нæ ныууадздзæн, афтæ нæм каст. Æмбæрзæн дуртæ фелвасыныл-иу афæлвæрдта, фæнды- ди йæ, сæ бынты цары куы фæмидæг уыдаид æмæ куы азмæстаид цар, фæлæ дуртæ уæгъд æвæрд нæ уыдысты, æмæ-иу дымгæ, мæс- тæймæлгæ, дарддæр бæлæсты сыфтæрты ’хсæн азгъордта. Нæ фысым мæм иу рæстæг æрбакаст æмæ загъта: — Дæ мад, йæ бакаст куыд у, ахæм карджын нæу. Мæнæн дæр, куыд базæронд дæн, афтæ бæргæ нæма æмбæлы, бирæ фыдæбон федтон, æндæр. Тыхджын хæстытæ æрцыд сæ горæты. Йæ лæг коммунист уыд. Хæст куыддæр райдыдта, афтæ йæм фæсидтысты. Дыууæ азы фæ- хæцыд, стæй мин фарастсæдæ цыппор æртыккæгæм азы немьщы къух- тæм бахаудта. Бирæ йæ фæтухæнæй мардтой, стæй йæ фехстой... Гыццылтæ уыдысты уæд йæ чызг æмæ йæ лæппу... Ус йæ цæс- тытæ доны разылдта, йæ сæр ныттылдта, стæй махæн нымд кæн- гæйæ йæ æнкъард ныхæстыл фæфæсмон кодта, йæ хъуыр ын цы уæззау къуыбар æхгæдта, уый аныхъуырдта æмæ йæ ныхас аивта: — Ныртæккæ мæ фырт Мæскуыйы цæры, мæ чызг та Сыбы- ры. Сæ дæсныйадыл сын ам куыстытæ нæй æмæ фæйнæрдæм ацыдысты. Мæн нæ фæнды ардыгæй ацæуын æмæ сæ иумæ дæр нæ комын: ам схъомыл дæн, стæй Андреимæ дæр, мæ лæгæй зæгьын, ам баиу кодтам нæ цард. 109
Кæд сæ кæрты æрхъуыды кодтат дыууæ лæппуйы, уыдон мæ чызджы фырттæ сты. Куыддæр скъолайæ суæгьд вæййынц, афтæ ам æрбалæууынц... Мæнмæ æнахуыр нал каст нæ зæронд фысымы тар æнгас. Мæ мад æмæ ме ’мбал ус дæр аджих сты... 1990 аз ТУРСУНКÆ Хæдтæхæг куы стахтис æмæ мигьтæ арф кæмдæр куы базза- дысты бынæй, уæд чи стюардессæмæ дзырдта, чи йе ’мбæлт- тимæ ныхасыл фæци. Мах дæр, æз æмæ ме ’ртæ æмбал чызджы, нæ ныхæстæн кæрон нал кодтам. Стæй иууылдæр банцадысты. Махæй дæр алчи йæ хъуыдыты ацыдис. Рæстæггай ма-иу мæ хъустыл ауадис, кæдæм тахтыстæм, уыцы горæты ном — Ашхабад. Дзæвгар рæстæг рацыд, афтæмæй та ме ’мбæлттæй чидæр сдзырдта: — Хъасби!.. Нæ бынмæ мигътæй сыгъдæг уыд, æмæ нæм дзæбæх зынд денджыз — æнахуыр сæрыстæрæй йæ уылæнтæ рахæсс-бахæсс кодта дыууæрдæм. Хæдтæхæгæй рахызтыстæм. Æризæр. Ам митæн йæ кой дæр нæ уыд, Мæскуыйы уынгты та ма миты рæгътæ лæууыдысты. Хъарм дымгæ ныл узæлыд. Сыфтæр, куыд æмбæлы, йæхи афтæ нæма аивæзта, къухтыл ныхæсыд. Æнæзонгæ ныхас хъуысыд алырдыгæй. Цыма ма кæддæр хъуыстон ацы ныхас æмæ йыл ахуыр уыдтæн, афтæ мæм каст. Æмæ йæ æцæгæйдæр хъуыстон. Сывæллоны зæрдæ ницы рох кæны. Мæ сабидуг цы ран арвыстон, уый адæмы ныхасимæ æнгас у ацы адæмы ныхас дæр. Æмхуызон сты сылгоймæгты даргъ æмæ алыхуызон дарæс дæр. Нæ фысым агуринаг нæ уыд. Немæ цы чызджытæ уыд, уыдо- нæй иуы, Огультачы, уазджытæ уыдыстæм. Иумæ ахуыр код- там. Огультач нæ разæй араст. Йæ цин ыл зынд алцæмæй дæр: йæ æнæфсон худтæй, йæ тындзгæ цыдæй, йæ палто кæй раласта æмæ йæ рогæн йæ цонгыл куыд хаста, уымæй дæр. Нæ бацыдмæ Огультачы бинонтæ иууылдæр хæдзары уыдыс- ты. Мад æмæ фыды раз бадтысты, иу аст азы кæуыл цыд, ахæм чызг æмæ уымæй кæстæр дыууæ лæппуйы. Сæ хистæр хойыл ам- бырд сты, стæй махмæ, æнæзонгæ чызджытæм, кæсыныл фесты. 110
Мах лæууыдыстæм дуаргæрон кæрæдзийы фарсмæ. Лæг æмæ ус цыдæр сдзырдтой не ’мбалмæ, æмæ нын уый худгæйæ нæ цæнгтыл фæхæцыд. — Цы слæууыдыстут дуаргæрон! Мæ мад æмæ мæм мæ фыд хæцгæ кæнынц, де ’мбæлтты къæсæргæрон цы ныууагътай, зæгъгæ. Бинонтæ бахъæлдзæг сты. Огультачы фыд, Каракумты къанауы кусæг, нæ хæдразмæ æрбацыд куыстæй. Хурсыгъд æмæ йын змисæй хост цæсгом. Йæ мад къæсхуыртæ сылгоймаг, æнцад хъуыста, фыд нæ куыд фæр- стытæ кодта нæ ахуырæй, нæ фæндагæй, уымæ. Йæ цæстытæ цин æмæ рæвдауæг æнгас лæвæрдтой. Гыццыл ма абадтыстæм, стæй рацыдыстæм æндæр агъуыстмæ. Огультачы мад нын уырдæм хæринаг æрбахаста. Стæй та дуар æрбайгом, æмæ æрбацыд йæ гыццыл хо Турсункæ, цайдан йæ къухы, афтæмæй. Æмбаргæ худт бакодта йæ хистæр хомæ, уый дзы йæ цинæйдзаг цæстытæ нæ иста, уый бафиппайгæйæ. Цай нын æркодта æмæ къæсæргæрон гауызыл æрбадт. Йæ уæрджытæ йæ хъæбысы æрбакодта æмæ нæм афтæмæй каст. Арæх мæ бафтауы дисы хъæуккаг сывæллæтты цæстæнгас: къахыл цæуынхъом куы фæвæййынц, уæд æппын ницы, фæлæ бинонты цумагæнæн свæййынц. Бинонтæ истæуыл куы фæтыхсынц, уæд уыдоны цæстæнгас дæр февдисы æнкъарддзинад. Æмæ ахæм уыд Турсункæ дæр. Огультач мын цыма мæ хъуыдытæ бамбæрста, уыйау сдзырдта: — Æз ахуырмæ куы ацыдтæн, уæдæй нырмæ, хæдзары цы куыст ис, уый ацы чызджы æккой и: пырындз сыгъдæг кæнын, суджы æргъом æрбахæссын, хæдзар æфснайын, нæ гыццыл æфсымæрты хъахъхъæнын. Сæхи æвзагыл Турсункæмæ сдзырдта, æвæццæгæн æй махимæ бадын кодта, фæлæ уый йæ сæр дыууæрдæм батылдта. Мæн фæндыд, тагъддæр куы сбон уаид, уый, нæ алыварс цыхуызæн у, уымæ акæсын, æмæ куы схуыссыдыстæм, уæддæр ма бирæ рæстæг кастæн, мæйы рухсмæ царыл цы нывæфтыдтæ зындис, уыдонмæ. Райсомæй хурбон уыд. Огультач нын хæдзары дарынæн радта йæхи даргь къабатæ. Кæртмæ рацыдтæн. Мæ рог къаба мын дымгæ куы иуырдæм фæ- цæйхæссы, куы иннæрдæм. Ахызтæн дыргъдонмæ. Дыргъбæлæ- стыл фæбæрæг уалдзæджы æрбалæуд. Æнæзонгæ, ахуыр кæуыл нæ уыдтæн, ахæм диссаджы тæф былтыл уадис. Уый гранаты къаннæг бæлас рафтыдта дидинæг. Иу цæхæрадонæй иннæйы астæу быруты бæсты уыд æрмæстдæр ауæдзтæ арæзт, æмæ хорз зындысты сыхаг хæдзæрттæ. Алчи йæ райсомы зилæнтæ кодта. Хъæуæй гыццыл дарддæр зындысты ныллæг рæгъты хуызæн 111
обæуттæ. Уыдон уыдысты Каракумы æнæкæрон быдыртæ. Сæ сæрмæ-иу дымгæ змис систа æмæ-иу æй фæцæйхаста. Æртыккаг бон араст стæм Фирюзамæ, туркменты бæстæйы рæсугьддæр рæттæй иумæ. Автобусы дзæвгар фæцыдыстæм. Бирæ цæуын нæ нал хъуыд, афтæ нæ арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой. Уырдæм хæрзхæс- тæг уыд арæн. Уæлдай ныхас ничи кодта, цыма кувæндоны къæсæрыл бахи- зынмæ хъавыдыстæм. Алчидæр йæ паспорт равдыста. Бон нæма стæвд рагуалдзæджы хурæй, фæлæ Фирюзайы æмби- сонды рæсугъд æрдз ноджы фидауцджындæр кодтой цæхæра- дæтты зарæг цъиутæ. Арæн... Цавæр хъуыдытæ равзæры адæймагмæ дæ разы! Райгуырæн зæххы кæрон. Адæймаг йæ цард кæй тыххæй нæ бавгъау кæны, уыцы зæххы кæрон. Стыр у ацы арæн. Цæуы Копет-Дагы рæгътыл. Сæ фаллаг фарс дæр цæры адæм, фæллой кæнынц. Уым дæр уарзынц, зо- нынц цин æмæ хъыг... * * * Нæ балц кæронмæ фæцæйхæццæ кодта, афтæ та ацыдыстæм Каракуммæ. Уыцы бон Огультачы мад кусынмæ нæ ацыд æмæ немæ æрбамбал Турсункæ дæр. Цыд мæ фарсмæ. Мыййаг дын кæрæдзийы ныхас куы нæ æмбæрстам, фæлæ мын Турсункæ уæддæр цымыдисхуызæй цы- дæртæ дзырдта. Цыма исты агуырдтам, уыйау цыдыстæм иу змисы рагъæй иннæмæ. Бæрзонддæр рæгътыл ныл-иу дымгæ йæхи асæрфта, фелвæста-иу змисæй, æмæ-иу æй нæ цæсгæмттыл бакалдта. Тур- сункæ дæр не ’мдзу кодта, фæсте нæ задис. Уæлæмæ хизгæйæ- иу æм мæ къух ныддардтон, фæлæ та-иу æй уый нæ бакуымдта. Иæ лыстæг къæхтæ-иу змисы аныгъуылдысты, фæлæ-иу сæ рæвдз фелвæста æмæ та-иу нæ раййæфта. Фæндыд нæ, нæ сæрмæ цы бæрзонд змисы рагъ уыд, уырды- гæй акæсын. Нæ разæй чи цыд, уыдонæй чидæр фæкалд. Змис фезмæлыд æмæ нæ скъæфаг донау дæлæмæ ахаста. Бæстæ худт сси. Худт Турсункæ дæр. Йе ’мбаргæ адæймаджы æнгас цыдæр фæцис æмæ худт зæрдæбынæй, сывæллон куыд фæхуды, афтæ, æмæ фæстæмæ цæугæйæ дæр мæ цæстытыл уад, рæсугъдæй цы федтам, уымæй уæлдай гыццыл дæрзæгкъух чыз Турсункæ. Мæ цæстытыл уад, уыцы бон куыд худтис, афтæмæй. 1974 аз 112
ФÆНДАГЫЛ — Уартæ уый Цъæззиуы ком у, — загъта мæ фыд. — Мæй- гæйттæ-иу уыцы комы фосимæ фестæм. Иу заманы нæ хионтæй иу лæппу, Зибиимæ, фос хызтам, афтæмæй уым æхсæвиуат æркод- там. Нæ нымæттæй иу нæ уæлæ, иннæ — нæ быны. Афтæмæй æмби- сæхсæв тыхджын къæвда рацыд. Дымгæ къуыс-къуыс кодта. — Сыст, Зиби! — сдзырдтон лæппумæ, фæлæ уый йæхи тынг- дæр ныннорста нымæты. Схæцын ыл нымæттыхтæй, фæлæ — нæ. Ныр уæлæ фахсæй дуртæ бынмæ куыд кæлынц, фос афтæ дæлæмæ-дæлæмæ цæуынц æмæ сын былæй акæлынæй тас куыд нæ уыдаид! Цъæззиуы «Зæдты хинайæн» кæй хуыдтой, уыцы цады кæрон æхсæв-бонмæ фæлæууыдтæн сæ размæ. Къæвда йæ фæдыл мит расайдта. Æхсæвы уазалты иу фыс ба- сыд æмæ цады был райсомæй донмæ йæ сæр æркъул-æркъул код- та. Æз æй куы ауыдтон, уæд æм базгъордтон æмæ йæ мæ нымæты æрбатыхтон, фысы фервæзын кæнон, зæгъгæ. Зиби мæнæй фæл- тæрдджындæр уыд, фæлæ уый дæр мæ разы нæ фæцис. Йæ сæрæн кæй нæ уыд, уый æмбæрстон æмæ йæм мæ зæрдæ æхсайдта. Фы- сыл куыддæр уазалы фæстæ хъарм сæмбæлд, афтæ амард. Æрдз ныссабыр. Æхсæвы ныл дуртæ дæлæмæ чи згъæлдта, уыцы къæдзæхтæ ныр лæууыдысты æнцад æнæ мигъы къæм арвы бын, цыма, «цæуыл сæ мардтам дысон», зæгъгæ, ууыл фæсмон кодтой, уыйау ныджджих сты. Фос дæр æргъæвстæй кæрæдзимæ æнгом лæууыдысты æмæ сыл дысонау фæстæмæ дуртæ кæлын куы райдыдтаид, уæддæр, æвæццæгæн, сæ бынатæй змæлгæ дæр нал фæкодтаиккой. Зибимæ бацыдтæн. Йæ быны цы дон ахъардта, уымæй схъарм æмæ йæхицæн хуыррытт кодта. Сыстын æй кодтон. Дымгæ банцад, фæлæ тæккæ цъитирæ- бын уыдыстæм æмæ уырдыгæй уазал хаста. Нымæты фæдджитæ- иу æнгом æрбакодтон. Зиби джихæй каст фосмæ. Бæрæг уыд, кæд хуысгæ кодта æхсæв-бонмæ, уæддæр йæ сæрæн нæ уыд æмæ фосмæ кæсгæйæ дæр цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Æз дæр сымахæй хуыздæр уавæры нæ уыдтæн», зæгъгæ, уыйау æнцад бадт æмæ-иу æнæбары йæ цæст кæдæмдæр ахаста. — Æз ам нал лæууын, — загьта лæппу æппынæрæджиау. Йæ уавæр хорз нæу, уый уыдтон æмæ йын æз дæр уæлдай ницыуал загьтон. Нæ фос сыстын кодтам. Кæсæндур кæй хуыдтой, уымæ куы ’рхæццæ стæм, фахсы нæ фос дæлæмæ куы раскъæрдтам, уæд ныл хур ракаст. Хуры хъарммæ 8 Томайты Мисурхан 113
фос дзыхълæуд ныккодтой æмæ сæ сæртæ уæлæмæ сарæзтой. Абон дæр ма мæ цæстытыл ауайынц, сæ уазалæй цъæх-цъæхид былтæ уæлæмæ куыд дардтой æмæ сæ хуры хъарммæ куыд змæ- лын кодтой, уый. Мах дæр æнцад лæууыдыстæм кæд тагьддæр æртæфсиккой æмæ нæ фæндаджы кой кæниккам, зæгъгæ. Мит тайын райдыдта. Мæн фæндыд, уым куы баззадаиккам, уый. Ахæм уазалтæ æдзух нæ вæййы æмæ иу æхсæвы тыххæй фос сыстын кæн, уый дæр цас хорз хъуамæ уа. Зибийæн загътон: — Цæй, исты уал бахæрæм, — кæд, куы афæстиат уæм, уæдмæ Зибимæ дæр æндæр зонд æрцæуид, зæгъгæ. Фæлæ Зиби уый- фæстæ дæр нал сразы уым баззайыныл. Æмæ йыл худæн дæр нæ уыд: æртæх ын йæ къæхтæ басыгъта æмæ йын ныскъуыдтæ сты, рыстысты йын æмæ сæхимæ ацыд. Æз та фосимæ уым баззадтæн. Хосгæрдæн афон уыд æмæ мæм бинонтæй дæр ничи цыдис. Бонтæ уыдысты хъарм, фæлæ уæддæр иунæгæй хъыг кодтон æмæ-иу фос куы бафсæстысты, уæд-иу æз дæр мæхи арæзт уадын- дзæй зарыдтæн.
Мысииæгтсе ИРЫХЪÆУЫ УЫНГТЫ ЦÆУГÆЙÆ Фæндзайæм азты Ирыхъæуы куы æрцардыстæм, уæд ма æххæст бинонтæ уыдыстæм; фыд, мад æмæ дыууæ чызджы — мæнæй цалдæр азы хистæр чи у, уыцы хо Зинæ æмæ æз — скъо- ладзау. Æрбаивтам Ирыхъæумæ Куырттаты хъæуæй, уыцы рæстæг ма мæхъæлон ном кæмæн уыд, уырдыгæй. Уым æрмæстдæр цып- пар азы фæцардыстæм, стæй æрбаивтам Дзæуджыхъæумæ. Зинæ, мæ хистæр хо, нæ цардмæ хаста рæсугъддзинад йæ алы хъуыддагæй дæр, æмæ ныртæккæ бирæ хатт ахъуыды кæ- нын, кæм базыдта ахæм, аивадæй æххæст хъуыддæгтæ, ууыл. Хъæуы ма куы цардыстæм, уæд бацыдтæн скъоламæ. Хуы- мæтæг хъуымацæй хуыд хызыны мын сæвæрдтой мæ чингуытæ, афтæмæй ацыдтæн скъоламæ, уæд ма хæсты фæстæ азтæ уыды- сты æмæ, адæймаджы цы бахъуыдаид, уый балхæнын къухы не ’фтыд. Цард уæззау хæсты фæстиуджытæй гыццылгай йæ къæх- тыл фæлвæрдта слæууын. Дуканимæ-иу исты куы æрбаластой, уæд æм адæм уадысты, цы æрбаластой, уый фенынмæ. Хъæугæ дзаума дзы разындзæн æви нæ, уый базонынмæ. Зинæ дзы схаста тетрæдтæ æмæ, скъоладзауы цы хъæуы фыс- сынæн, растхахгæнæн æмæ æндæр хъæугæ дзаумæттæ. Ног тет- рады фыццаг фарс байгом кæнын, фыссынмæ йæ æрцæттæ кæ- нын мын æхсызгондзинад хаста. Мæ къух ыл æрхастон, куыд лæгъз уыд, уый ма абон дæр хорз лæууы мæ зæрдыл. Иннæ ахæм мын, мæ фыд кæй сцыргъ кодта, уыцы алыхуызон къран- дæстæ, сæ ахуырсты æмæ хъæды тæф фæндзыл æмбæлдис Нæ горæты стырдæр кæсæндонæй Зинæ йæхицæн цы чингуы- тæ хаста кæсынмæ, уыдонимæ уыд, ахуыры чингуытæй уæлдай, фыццаг цы чиныг бакастæн, уый дæр. Æмæ уый дæр уыд цау; федтон ын йæ нывтæ, стæй йæ гыццылгай кæсын райдыдтон. Хæсты фæстæ азты кæм уыдис рудзынгæмбæрзæнтæ уæй- йаг, æмæ Зинæ тæнæг цикъæйæ нывæфтыдтæ ралыг кодта, дыууæ фæтæнæй рудзынг цы бамбæрзтаид, ахæм марлæйыл сæ лыстæг сынкæй бахуыдта, афтæмæй крахмалгонд рудзынг æмбæрзæнтæ 115
афтæ рæсугъд сфидыдтой рудзгуытыл, æмæ-иу нæ хæдзары рæз- ты чи цыд, уыдон-иу сæм æнæ фæкæсгæ нæ фесты. Уыцы рæстæг нæ горæты уырыссаг æмæ ирон театрты спек- таклтæ æвдыст цыдысты, ныртæккæ уырыссаг театры бæстыхай чи у, уым, нæ горæты рагондæр театры сценæйыл. Алчи дæр-иу йæ бынаты куы ’рбадтис, уæд-иу диссаг æрцæ- уынмæ æнхъæлмæ кæсæгау каст. Уæдæй-уæдмæ сæ инстру- менттæ аразгæйæ чи фæлвæрдта спектаклы райдианмæ, уыцы музыканттæ дæр-иу райдыдтой сæ куыст. Æппынфæстагмæ-иу цырæгътæ ахуыссыдысты æмæ уæззау бархæтæй хуыд æмбæр- зæнтæ фæйнæрдæм ацыдысты. Афтæмæй, мæ хистæр хойы фарсмæ бадгæйæ, уыдтон, ирон адæмы зæрдæты абон дæр чи цæры, уыцы æрдхæрæны актерты хъазт сценæйы. Театр уыцы рæстæг махæн уыд аргъау, æппæтæй рæсугъддæр хъуыдытæ чи æвзæрын кæны, адæймаджы сæрызонд хорз хъуыддæгтыл чи аразы, уыцы бынат. Ирыхъæуы куы æрцардыстæм, уæд мæ ахуырмæ радтой æртындæсæм скъоламæ. Бацыдтæн цыппæрæм къласмæ. Ам до- мæнтæ уыдысты хъæуы скъолайæ бынтон æндæргъуызон. Скъо- ламæ цæуын хъуыд скъоладзауы дарæсы — формæйы, итувæрд фæхсæвæрд морæ кæнæ тарцъæх къабайы æмæ сау раздарæны. Бæрæгбонты та — урс раздарæны æмæ — стыр урс бант баст дзыккутыл. Æнæ уыцы дарæс ацæуын скъоламæ, æвæццæгæн, иу чызджы хъуыдыйы дæр не ’рцыдаид. Иунæг хатт мæ, куыд рауад афтæ, уый нæ зонын, мæ галстук бабæттын ферох. Фæхъуыды йæ кодтон, скъоламæ куы бахæццæ дæн, æрмæстдæр уæд. Урокты райдайынмæ бирæ нал хъуыд, афтæмæй ратахтæн — дыууæ уынджы фалдæр цардыстæм скъо- лайæ. Нæхимæ бахæццæ дæн. Рæвдз абастон мæ галстук — æмæ та фæстæмæ тæхгæ. Куыд хъуамæ уыдаин æз уыцы бон æнæ гал- стукæй?! Æгьдау халæн нæ уыд. Чызджыты дзыккутæ хъуамæ уыдаиккой æфснайд: дыууæ дзыккуйы æнгом быд, афтæмæй сæ кæрæдзи бынæттæм бастой лентытæй. Зæронд арæзт скъолатæ уыдысты дыгай-æртыгай уæладз- гуытæ. Æртындæсæм скъола дæр арæзт у дыууæуæладзыгæй. Йæ асинтæ фæтæн, схизæнты кæрæттæ, куыд æмбæлы, афтæ æмдымбылгонд, цыргъ нæ фæлæ. Тыргътæ — фæтæн æмæ сын — стыр рудзгуытæ. Дыккаг уæладзыгмæ схизæны уыдис зал. Уый фарсмæ тыр- гъы 1 ахуыргæнджыты æмæ директоры кусæн бынæттæ. Урокты райдиан-иу, сæрдыгон — кæрты, зымæгон та, алчи йæ къласы размæ ралæууыд, афтæмæй кодтам зарядкæ. Не уæнгтæ-иу дзæбæх куы базмæлын кодтам, уæд-иу заргæйæ 116
æрзылдыстæм тыргъыл, иу кæронæй иннæмæ, стæй чи куыд хæццæ кодта йæ къласмæ, афтæ уырдæм здæхт. Цы зарджытæ кодтам маршы цыдгæнгæ, уыдонæй иу уыд «Москва—Пекин». Уыцы рæстæг не стыр бæстæ, Советон Цæди- сы стырдæр хæлар уыд Китай, æмæ нæ бæстæты лымæндзина- дыл дзырдта ацы зарæг дæр. Скъоладзауты дарæс дæр æмæ ахуыргæнджыты дзаума дæр уыдысты бæлвырд. Уыцы иу дзаумæтты куы цыдаид алы бон дæр ахуыргæнæг, уæддæр-иу афтæ аив уыдысты цæ ахуыргæн- джытæ, цыма дзы алчи дæр йæ уæлæдарæс уыцы бон фыццаг хатт скодта. Скъоладзау æппæт предметтæ æмхуызон нæ фæзоны. Кæцы- дæртæ йын вæййынц уарзондæр, фæлæ ууыл нæ хъуыды кæн- гæйæ аргъ кæнын, абон фæстæмæ акæсгæйæ, нæ уыцы ахуыр- гæнджытæн се ’ппæтæн дæр. Куыд хорз зыдта æмæ уарзын код- та сæ алкæцыдæр йæ предмет! Зæрдæйæ куыд тыхстысты скъола- дзауы ахуырыл, куыд ын æххуыс кодтой, кæм нæ фæрæзта æмæ кæм къуылымпы кодта йæ ахуыры, уыцы ран. Уыдон уыдысты Гуыриаты Ванойы чызг Мисурæт, Рубайты Мысосты фырт Мурат, Махъоты Харитоны чызг Замирæт, Цы- рыхаты Алыксандры чызг Нинæ, Тедтойты Сослæмбеджы чызг Езетæ, Такъæты Тасолтаны чызг Раисæ, Хъулаты Константины чызг Дзерассæ æмæ иннæтæ. Се ’ппæты нæмттæ абон нал хъуы- ды кæнын. Ирыхъæумæ сыфтгæйæ, йæ уынгты æрцæйцæугæйæ, мæ цæ- стытыл ауайы мæ ахуыры азты хабæрттæй исты, уæд цы цаутæ æрцыд царды мидæг, уыдонæй. Уæды рæстæджы чызджытæ æмæ лæппутæй кæуыл амбæ- лын, уыдон бæрæг дарынц се ’гъдауæй, се сныхасæй, сæ ракъах- дзæфæй, сæ удты хъæздыгдзинадæй. Немæ чи ахуыр кодта, уыцы чызджытæй, афтæ мæм кæсы, кæйдæрты ма дзы зонгæ дæр кæ- нын, рауад хорз сылгоймæгтæ, мадæлтæ. Уыдон къухты схъо- мыл и хорз кæстæртæ, къулбадджытæ нæ фæлæ, уымæн æмæ уыдысты æгъдауджын, бонзонгæ, йæ уат куыд амоны, афтæ чи адаргъ кæны йæ къæхтæ, ахæмтæ. Уыцы замай зымæг хаста хъызт, уыд даргь æмæ уазал. Мит- иу къæхты бын хъыс-хъыс кодта. Хурбон та йæм цæстытæ нæ лæууыдысты. Æппынфæстаг-иу, уалдзæджырдæм тæдзынджытæ тæдзын райдыдтой. Хур-иу, адæмы зæрдæлхæнæгау бон-изæрмæ каст æмæ-иу адæймаджы фæндыд, зымæг-зымæджы дæргъы цы миты хъæпæнтæ ныффидар кæрæдзиуыл, уыдон тагъддæр куы атаик- кой, уый, æмæ-иу хуссарварс кæм атад, уым-иу алчи мондаг бадт акодта хурмæ, чи йæ кусинаг йæ къухы, афтæмæй, чи та йæ 117
сывæллоны ирхæфсгæйæ, кæд адæймагыл æмбæлд уазал уддзæф æнæтад миты ’рдыгæй, уæддæр. Не скъолайы чызджыты сæрыфаст дæр-иу аивта — бæгъæм- сарæй, уазалæй нал тæрсгæйæ — аив фаст дзыккутæ-иу, зымæг- зымæджы дæргъы чи фестырдæр æмæ зымæгон дарæсы мидæ- гæй чи нæ зынд, уыцы æнгомбыд дзыккутæ-иу фæсонтыл сæхи æруагътой. Куы-иу фæсурдæр, уæд-иу сыл радыгай фæзынд ног къахы- дарæс. — Афтæ-иу нын райдыдта уалдзæг. Æмæ-иу нæ зымæгон фæлгонц аппæрстам. Фæсивæд тырныдтой ахуырмæ. Æрыгон адæймаджы зæрдæйы æвзæрд бæллиц æмæ йын уый йæ цард рæсугьддæр кодта. Ахуы- ры фæстæ йæ цавæр фæндагыл ацæуын хъæудзæн, уый-иу сæ- рæй атæрын нал куымдта, йæхицæн дæр уарзон чи уа, адæмæн — пайда, ахæм фæндагыл-иу ацыдис. Мах дæр мæ хистæр хо Зинæимæ уарзтам царды мидæг бирæ цыдæртæ. Уарзтам аивад. Уарзтам литературæ. Зинæ-иу нæ го- рæты стырдæр библиотекæйæ цы чингуытæ схаста, уыдоны ’хсæн уыдысты нæхи Секъайы, Туаты Дауыты, Елбыздыхъойы, Уырый- мæгты Езетханы уацмыстæ, фæсарæйнаг æмæ уырыссаг фыс- джыты уацмыстæ. Чингуытыл ныхас нæ дыууæйы ’хсæн уыдис уарзон темæ. Уарзтам музыкæ æмæ театр. Царды мидæг агуырдтам нæ бы- нат. Зинæ бауарзта сценæ. Йæ курдиат дисы бафтыдта, Куыртта- тыхъæуы Кочысаты Розæйы пьесæ «Мæ уарзондзинад æви мæ фыды фæдзæхст»-ы куы ахъазыд, уæд. Уæлдай хæстæгдæр йæ зæрдæмæ уыдысты Туменаты Ленæйы репертуары архайджытæ æмæ-иу театрæй æрцæугæйæ дисы æфтыдта — скъуыддзæгтæ-иу дзы йæ зæрдыл куыд бадардта æмæ-иу сæ куыд ахъазыд! Фæлæ афтæ рауад, æмæ сценæ баззад норст цæхæрау йæ царды мидæг. Ацыд æндæр фæндагыл. Уалдзæг æрмæст хъарм бонтыл цин хæссæг нæ уыд. Уалдзæг нын уыд, адæмы ныфсæвæрæнты рæстæг. Уалдзæг уыд, зæхх куы райхъал вæййы æмæ æххормагудау нæмыг æрæппарынмæ куы фенхъæлмæ кæсы, уыцы рæстæг. Æмæ-иу цæхæрадæттæ æмæ бы- дыртæ сагьд куы æрцыдысты, уæд-иу æвзартæй цъæх адардтой. Адæм-иу уыцы азты уалдзæджы сæ зæрдæ дардтой цыдæр хорздзинад æрцæуынмæ. Хæсты фæстиуджытæ уæззау уаргъæй нæ куымдтой адæмы уæхсчытæй ахауын, æмæ ныфсы ныхасæй кæрæдзийæн зæрдæтæ æвæрдтой: мæнæ та «снижени» куы уа март^ьийы мæйы, уæд та нын фенцондæр уыдзæн. Æмæ-иу æцæг æрцыд уыцы рæстæг æмæ-иу адæмæн цыдæр тых радта цæрынæн, цардыл æууæндынæн. Бæстæ дæр-иу уыдо- ны бацис, уымæн æмæ-иу се ’нхъæлмæкаст дзæгъæлы нæ фæ- 118
цис, фæлæ сын 1953 азы мартъи уæззау уац æрхаста. Фæрын- чын нæ фæтæг. Стырæй, чысылæй æндæр кой никæмæуал уыд. Адæм хъуыс- той, радио цы радзурдзæн, зæгьгæ, уымæ. Æмæ багомыг сты. Нал сæ æндæвта даргъ зымæджы фæуд æмæ уалдзæджы æрцыд дæр, тæдзынджыты тад æмæ хуры царддæттæг цин. Афтæ уыд суанг йæ ахицæнмæ, æмæ адæмы цæссыг ивылд донау, хаста йæ размæ цæуыл æмбæлд, уый. Куыдта, дзынæзта стыр дæр æмæ гыццыл дæр. 08.01.11 г. МÆ ЛИТЕРАТУРОН ФЫД Цæвиттон, æхсайæм азты, Хрущевы хицаудзинады рæстæг, скъола каст чи фæцис, уыдоны, дарддæр ахуырмæ бацæуыны размæ, бакусын хъуыди дыууæ азы. Мæ мад æмæ мæ фыд дæр тыхстысты мæнæн куыст ссарыныл. Ныртæккæ кинотеатр «Друж- ба» кæм ис, уый æрбакомкоммæ уыди даргъ ныллæг хæдзар, «Дом колхозника» йæ хуыдтой, йæ хицау та — Томайты Ладе- мыр. Мæ фыд уымæ ныццыди. Ладемыр, искæй бафæрсдзынæн, зæгъгæ, уыцы дзуаппимæ рарвыста мæ фыды. Афтæмæй райдыдтон кусын, уæд Кировы æмæ Орджоникидзейы ном чи хаста, уыцы музейы æмæ дзы сæм- бæлдтæн поэт Мыртазты Барисы бинойнаг Мэриимæ. Уый уыди музейы наукон кусæг. Райсомраджы-иу æрцыдтæн мæ куыстмæ, бафснайдтон-иу, æмæ ма-иу мын цы рæстæг баззад кусджыты æрбацыдмæ, уым та мæхи ахуыр кодтон машинкæйыл æмæ фыстон мæ радзырдтæ. Нæ секретарь, ме ’мгар чызг Светæ йæ куы базыдта, ра- дзырдтæ фыссын, уый, уæд æм диссаг фæкаст, æмæ йæ фæстæ- дæр Мэрийы ныхæстæй бамбæрстон, хабар ын радзырдта, уый. Дæ радзырдтæ ма мæм ратт æмæ сæ бакæсон, зæгьгæ, Мэри куы загъта, уæд дзы фефсæрмы дæн, зынгæ фыссæджы бинойнаг кæй уыд, уый зонгæйæ, фæлæ мæ уæддæр сразы кодта æмæ йæм цалдæр радзырды радтон. Æрмæст сæ-иу Барисмæ ма равдис, зæгъгæ йæ бафæдзæхстон. Цалдæр боны фæстæ мын афтæ, Барис, дам, дæ радзырдтæ бакаст æмæ загъта: «Ацы чызгæн баххуыс кæнын хъæуы». Æз уый размæ фысджытæй никæй ма зыдтон æмæ мын, иуæй, æхсызгон уыдысты Мэрийы ныхæстæ, фыссæгимæ сæмбæлыны хабар, иннæмæй та, æфсæрмы кодтон. 119
Мэри мын цы бонмæ загъта, уыцы бон сæм бацыдтæн. Æдзух- дæр аив уыди Мэри, фæлæ мæм хæдзары фæлгонцы та ноджы дзæбæхдæр фæкасти. Мидæмæ мæ бакодта. Æз фырæфсæрмæй цæуын дæр нал зыдтон. Уынгмæ сын стыр рудзынг, ахæм уаты фыссæн стъолы раз бадт, уый размæ йæ кой кæмæн хъуыстон, йæ æмдзæвгæтыл арæзт зарджытæ æдзух радиойæ кæмæн лæвæрдтой, уыцы поэт. Бирæ ныхæстæ мын фæкодта Барис, æхсызгонæй сæм хъуыс- тон, куыд ницы мæ дзы ферох уа, ууыл архайдтон æмæ сæ цыма иууылдæр мæ зæрдæйы рахастон, афтæ мæм касти. Цæуын цы саби нæма фæзоны, уымæ дæ къух куы бадарай æмæ йыл йæ гыццыл æнгуылдзтæй фидар куы ныххæца ахауынæй тæрсгæйæ, уымæй уæлдай нæ уыдтæн æз дæр. Барис мын загъта, мæ радзырдтæ кæдæм бахæссын хъæуы, уый. Раздæр уырыссагау фыстон, æмæ мæ уымæ гæсгæ барвыста газет «Молодой коммунист»-мæ. Уыцы газеты редактор мæм байхъуыста æмæ мын райста мæ радзырд «Амондджын». Ацы радзырд уыди ме стыр уарзондзи- нады æвдисæн Индийы бæстæмæ. Равзæрд, йæ диссаджы аива- димæ йын куы базонгæ дæн, чингуытæ куы бакастæн, кино- нывтæ куы федтон, уæд. 1954 азы Индийы киноты фыццаг фе- стиваль уыд нæ бæстæйы, æмæ æппæт адæм дæр уыцы бæс- тæйы аивады уацары бахаудысты. Æз буцдæрæн цы дидинæг ныссагътон æмæ кæмæ зылдтæн, уый æнахуыр уыд, æмæ ре- дактор бирæ нæ ахъуыды кæнгæйæ, мæнæн комкоммæ нæ, фæлæ æндæр адæймагæн загъта, радзырд уый фыст нæу, зæгъгæ. Цæвиттон, уарзондæр мын чи уыд, уыцы уацмыс мын æнæн- хъæлæджы маст æрхаста, æмæ фæрынчын дæн. Мæ мад æмæ мын мæ фыд фæтарстысты æмæ мæ фыссын нал уагътой. Мэри мæ басабыр кодта. Ногæй та мæ къухфыстытæ райстон, æмæ, Барисы фæдзæхстмæ гæсгæ, фыссын райдыдтон иронау. Уырыс- сагау фыст чи уыд, уыдон раивтон. Афтæмæй мæ радзырдтæ мыхуыры цæуын райдыдтой «Рæстдзинад»-ы, «Мах дуджы», лæвæрдтой сæ радиойæ. Базонгæ дæн иннæ фысджытимæ дæр — Цæрукъаты Алыксандр, Цæгæраты Максим, Цæгæраты Гиго, Дзесты Куыдзæг, Мæрзойты Сергей, Дарчиты Дауыт, Бесаты Тазе, Саламты Алихан, Гаджиты Геуæрги æмæ иннæтимæ. Куыд мыл-иу бацин кодтой, уымæй бæрæг уыди, хорз цæстæй мæм кастысты, уый. Се ’ппæтæй дæр хъуыды кæнын цæстуарзон ныхæстæ, фæлæ-иу уæддæр Мыртазты Барисмæ уыди ме скаст, ома, дарддæр та куыд, зæгъгæ. 1960 азы, мæ радзырд «Фырт» рацыд æрыгон фысджыты чиныг «Къахвæндæгтæ»-йы. Уæдмæ ахуырмæ бацыдтæн педаго- гон училищейы графикæ æмæ ныв кæныны хайадмæ; фыссынæй дарддæр ма дыккаг хъуыддаг уарзтон — ныв кæнын. 120
Чидæр мæм рауагъдадæй мæ радзырды корректурæ æрбахас- та æмæ афтæмæй, мæн агургæйæ, иууылдæр базыдтой, фысгæ кæнын, уый, æмæ сæм диссаг каст. Мыртазты Барис Фысджыты цæдисæн йæ фæндон загъта, Литературон институтмæ мæ куыд арвитой, уый тыххæй. Цæди- сы правленийы уæнгтæ дæр сразы сты, æмæ мæ равзарын ба- хъуыд, мæ зæрдæ иуварс æрæвæрын кæй нæ куымдта (ныв кæ- нын), уый ныууадзын æмæ Литературон институтмæ ацæуын. 2001 аз, мартъи ДЗАБОЛАТЫХАЗБИ Мин фарастсæдæ æхсай дыккæгæм аз. Максим Горькийы но- мыл Литературон институт. Ахуыры аз райдыдта æмæ æз дæр фыццæгæм сентябры бахызтæн, бирæ фыссæг-фæсивæды фем- бæлдтæн æвдисæн чи уыд, уыцы институты къæсæрæй. Цас хъуыдытæ æвзæрдис адæймаджы сæры! Æхсызгонæй зонгæ кодтой кæрæдзиимæ алы адæмты фыссæг-фæсивæд! Цас хабæрттæ кодтой кæрæдзийæн! Æниу сын иу бон нæ, фæлæ бирæ рæстæг дæр нæ фаг кодта. Æппынфæстаг алчидæр æрлæууыд йæ хъуыддаджы сæрыл æмæ сæ ныхасмæ нал æвдæлд. Зыдтон, ме ’мзæххон поэт Дзаболаты Хазби дæр уым ахуыр кæны, уый, фæлæ фæстиат кодта Ирыстоны æмæ ахуыры азы райдианмæ нæ фæзындис. Иу бон институтæй куы ’рбацыдтæн æмдзæрæнмæ, уæд мын ме ’мбал, абазинаг поэтессæ Мирæ Тлябичева, загьта: — Дæ иузæххон æрцыд æмæ дæ агуырдта. Æрбацæудзæн та дæм. — Куыд нæ цин кодтон мæ алы рæттæй æрцæуæг æмбæлт- тыл, фæлæ уæддæр иузæххон, зæгъгæ, куы фехъуыстон, уæд мын уæлдай æхсызгондæр уыд. Махмæ цырагъ цы афон ссудзынц, уыцы афон ма Мæскуыйы та дзæбæх рухс уыди, афтæ нæм Хазби дыккаг хатт æрбацыд. Нал хъуыды кæнын нæ базынды ныхæстæ, фæлæ Хазби йæ- хæдæг мæ цæстытыл хорз уайы. Асæй рæстæмбис, дзурыныл тынг æнувыд нæу, уый кæуыл зынд, йæ ахæм ныхас. Уыцы бонæй фæстæмæ-иу мыл куы амбæлд, уæд мæм-иу цыфæнды æнæвдæлонæй дæр фездæхт. Бафарста мæ-иу мæ ахуырæй, Ирыстонæй мæм цытæ фыссынц, уыдæттæй. Цæугæ дæр нæм-иу арæх æрбакодта. Мирæимæ нæ-иу иумæйаг фæрс- тытæ бакодта, цы хабæрттæ нæм ис, уыдæттæй. Не стъолыл- 121
иу, цы чингуытæ кастыстæм, уыдонмæ фæкаст, стæй та-иу, «цæй, уæдæ», зæгъгæ, рацыд. Бæлвырд — йæ уæлæдарæс, йæ алы хъуыддаг. Тынг хорз зæрдæ дардтой Хазбимæ иууылдæр: ахуыргæн- джытæ, студенттæ. Уый æмбæрстон, мæхæдæг цы уыдтон, уымæй уæлдай ма йемæ чи ахуыр кодта, уыдоны ныхæстæй, йæ лымæн- дзинадæй адæмимæ. Æмæ къорд азы фæстæ Мæскуыйы абхазаг поэт Мушни Ласуриаимæ куы амбæлдыстæм, уæддæр мын йемæ сдзурын зын уымæн уыд: мæ зæрдыл æрбалæууыд сæ лымæн- дзинад, Хазби нал ис, уый. Мушнийы ныхæстæ дæр уымæн æнкъард уыдысты Хазбийы коймæ, — зын ын уыд дзурын. Зыдтон Хазбийы иннæ æмбæлтты дæр, йæ тæлмацгæнджы- тæй иу — Николай Рубцовы. Коляимæ мах иу курсы ахуыр код- там. Курдиатджын поэт, мæ цæстытыл уайы йæ мидбылхудт ныхас кæнгæйæ, фæлæ цæуыл? Йæ зæрдæйы стыр хъизæмаримæ чи ’взæрд, уыцы æмдзæвгæтыл нæ, фæлæ æнæуи хуымæтæг хъуыд- дæгтыл. Æмæ ацы дыууæ курдиатджын поэты бамбæрстой кæ- рæдзийы зæрдæтæ. Тынг хорз ахуыр кодта Хазби. Фæлварæнты рæстæг нæм-иу арæх нал цыд, нал-иу æй æвдæлд. Иу бон нын, Хазбиимæ чи ахуыр кодта, уыцы чызджытæй иу худгæйæ радзырдта, абон, дам, Хазби фæлварæны билет систа æмæ йæ ахуыргæнæг, йæ билет кæцы номыр у, уымæй куы ба- фарста, уæд, дам, йæхицæн ныхъхъус. Рæстæг цæуы, фæлæ Хазби ницы дзуры. Стæй, дам, хъæрæй ныххудт. Ахуыргæнæг æй, цæ- уыл худыс, зæгъгæ, куы бафарста, уæд, дам, дзуапп радта: — Ацы билет нæ сахуыр кодтон, æмæ мæм уый æрхаудта. Тынг лымæн уыдысты Хазбийы курс. Тынг куыстуарзаг фæ- сивæд сæ хуыдтой иууылдæр. Фæстаг ахуыры аз сын кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, дипломтæ хъахъхъæнын куы райдыд- той, уæд-иу арæх бадтысты иумæ. Куы иу ранæй, куы иннæ ранæй-иу хъуысыд сæ хъæлдзæг ныхас. Тагъд кæрæдзийæ хицæн кæндзысты, уый сæ рагацау æрхæн- дæг кодта æмæ ноджы лымæндæр, æнувыддæр кодтой кæрæдзи- уыл. Сæ иу ахæм фембæлдмæ мæн дæр бахуыдтой æмæ нæ уыцы ран Хазбиимæ ракафын бахъуыд. Хазби рог фесхъиудта, стæй уæздан хонгæ кафт ракодта, æмæ уый дæр бирæ хатт ауайы мæ цæстытыл. Уагæры ма йын му- зыкæ куы уыдаид! Æмæ кафтæн дæр Хазбийы удыхъæдæй атонæн нæй. Царды рæсугъддзинадæй цы ис, уымæн ахицæнгæнæн нæй, хъæздыг зæрдæ кæмæн ис, ахæм адæймагæй. Рæсугъддзинад та у куысты цин дæр, уæздан кафт дæр, мæргъты стахт дæр æмæ царды но- 122
джы бирæ цыдæртæ. Æмæ уыцы цинтæй алкæй узæлдæй дæр æвзæрдысты Хазбийы æмдзæвгæтæ, йæхийау уæздан æмæ зæр- дæбын. Æз æгад цард мæ сæрмæ нæ хæссын, Никуы никæуыл рацæуын хинæй, Æмæ амондджын уымæй фæкæсын Æз тыхст сахат дæр арæх мæхимæ. 1975 аз ИРОНЧЫНДЗАГ Ныхасæн, дам, аргъ нæй, фæзæгъынц. Кæдфæнды йæ фехъ- ус. Цасфæнды йыл рацæуæд, уæддæр ын адæймаджы хъуыдыйæ æнæ раленкгæнгæ нæй. Ахуыры рæстæг фыццагдæр кæимæ базонгæ дæн, уыдонæй иу уыд хъæрæсейаг фыссæг Халимæт Байрамукова, Мирæ Тля- бичеваимæ иу республикæйæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ йын фыццаджыдæр йæ кой уымæй фехъуыстон. Литературон институты цы уæлдæр курсытæ ис, уыдонæй афтæ, уым, дам, ахуыр кæны. Уыйфæстæ базонгæ стæм, æмæ Ирыстонæй дæн, уый куы базыдта, уæд йæ цæстыты фæзынд, йæ нысан фæстæдæр кæмæн базыдтон, уыцы рухс. Радзырдта мын, Къостайы ном чи хæссы, ирон адæм Лабæ кæй хонынц, уыцы хъæу сæ тæккæ раз кæй ис, бирæ кæй уарзы ирон адæмы, уыдæтты тыххæй. Хъæрæсейæгты тыххæй йæ куы бафарстон, сæ культурæ, се ’гъдæуттæй, уæд дæр та мын загъта цыбырæй: — Ирæттæм дæр ма бакæс æмæ хъæрæсейæгтæм дæр. Æмæ уый бакастæй, национ дарæс æмæ кæфтытæй, суанг нæмтты æмхуызон- дзинадæй нæ загъта Халимæт, фæлæ фыццаджыдæр удыхъæдæй. Халимæт — зындгонд фыссæг. Æфсæрмы йæм кодтон мæ ра- дзырдтæй исты бакæсынмæ раттын, фæлæ мын иу бон афтæ куы загьта, дæ радзырдтимæ ма мæм æрбацу, зæгьгæ, уæд æм бацыд- тæн. Æз уыцы рæстæг фыццаг хатт сæмбæлдтæн Кавказы иннæ нациты минæвæрттыл, æмæ-иу мæ цæст уайтагъд ацахста, ирон адæ- мимæ сын цы иудзинад ис, уыдон. Салам раттыны æгъдæуттæ, бацин кæнын æмæ афтæ дарддæр. Уæлдайдæр ма æнахуырæй тынг мысыдтæн нæхимæ æмæ уæддæр, Халимæтмæ бацæугæйæ мæм афтæ фæкаст, цыма мæм дзы дымгæйы аузæлдау цыдæр, тынг ахуыр кæуыл уыдтæн, хорз зонгæ мын чи уыд, ахæм хъæрмад ракалд. Уый банкъардтон, Халимæт мын куы сыстад, иу къухæй мын мæ 123
къух куы райста, иннæмæй мæ æрбахъæбысгæнгæйæ мидæмæ куы бакодта, уæд. Йæ цæстæнгасы, йæ мидбылхудты. Дыууæ цыбыр радзырды бакæсгæйæ, Халимæт загъта: «Куыд уынын, афтæмæй Езетхан æнæ фæстиуджытæй нæ баззад». Рап- пæлыны хуызы не ’рымысыдтæн, мыййаг, Халимæты ныхæстæ, фæлæ стыр аргъ цы фыссæгæн кодтон, бирæ хатт-иу мæ зæрдыл чи æрлæууыдис, Уырыймæгты Езетхан, æмæ-иу, нал ис, зæгъгæ, кæуыл хъыг кодтон, æгасæй кæй нæ базыдтон, уый кой мын кæй ракодта Халимæт, æхсызгон мын уый уыд. Мæ зæрдæмæ тынг цыдысты Халимæты зæрдæмæхъаргæ ра- дзырдтæ, йæ поэзи. Æвæццæгæн æмæ мын, уыцы рæстæг цы фыста, уыдон иууылдæр бакаст Халимæт, афтæ арæх æмбæлды- стæм. Бирæ-иу дзырдтам литературæйыл, нæ фысджыты уацмы- стыл æмæ æндæр хъуыддæгтыл. Халимæты радзырдтæй ауадысты фыццаг хатт мæ цæстытыл, фæззæг кæрдæгхуыз чи свæййы, Хъубаны уыцы гуылфгæнæг дон æмæ Хъæрæсейы хæхтæ — уыйфæстæ сæ федтон Лабæмæ бацæугæйæ. ...Фæндаджы галиу фарсæй гыццыл фалдæр, уæлæдарæсы фæдджитæ иуварсмæ чи фескъæфы, уыцы фæззыгон дымгæ йын цыма йæ нымæт йæ уæхсчытæй аппардзæн ныртæккæ, уыйау «цыд» дурæй арæзт Къоста. Цыма уæлæ хæрдмæ фидарау чи фæцыд, уыцы хъæдмæ та сарæзта йæ ных, уыйау цæуы, цæуы... Цыма йæ ахоргæ счынди, уыйау алыхуызон фæззыгон хъæд, йæ рæзты кæмæн æрбацыдыстæм Мирæимæ, уыцы размæ тын- дзæг дон Хъубан. Æмæ та мæ зæрдыл æрлæууыд Халимæт, фыц- цаг хатт куы сæмбæлдыстæм, уæд йæ нысан кæмæн нæ бамбæр- стон, йæ цæстæнгасы уыцы цины ферттывдимæ, кæцæй дæн, уый базонгæйæ — ирон чындзаг уыд Халимæт, фæлæ цы загъ- дæуа хæстæн... Фæмард, кæмæ æнхъæлмæ каст, уый. 1982 аз РÆСТÆГ Æз ардæм хионы цыд æрбакодтон, адæймаг йæхи хæдзармæ куыд бацæуы, ахæм барджын цыд. Кæрт, æз æй цы хуызæнæй хъуыды кодтон, уымæй аивта. Бæлæстæй æрыгондæр чи уыд, уыдон фæ- бæрзонддæр сты, æмæ ма сæ астæуæй зынд арвæй иу чысыл гæбаз. Ам куы ахуыр кодтон, ууыл кæд бирæ рæстæг рацыд, уæд- дæр мæм афтæ каст, цыма мæм рудзгуытæй зонгæ цæсгæмттæ фæзындзæн. 124
Дуаргæс сылгоймагæн салам радтон æмæ хъуамæ раздæрау уыциу цыдæй мидæмæ бацыдаин, фæлæ мæм куы сдзырдта, кæ- дæм цæуыс, зæгъгæ, уæд фæлæууыдтæн. Уый мæн нæ зыдта, æмæ ныхас ныхасы къахта: — Ам ахуыр кодтон. — Æцæгæлæтты нын мидæмæ уадзыны бар нæй. — Æмæ, — зæгъын, — æз... — Æмбарын дæ, фæлæ нæм ахæм уагæвæрд ис. — Ахуыргæнджытæй ам ничи ис? — Фæлварæнтæ фесты æмæ ма сæ искуы иу хатт исчи фæзыны... Иудзæвгар алæууыдтæн. Мидæмæ æмæ дзы æддæмæ цæуæг, æцæгдæр, арæх — нæ. Нымдзаст дæн иу ранмæ. Дымгæ рыг æмæ сыфтæ æрбассывта, стæй сæ фæстæмæ апырх кодта. Уый дæр кæрт æдзæрæгхуыз кодта. — Ацу уæд та... дард кæцæйдæр æрбадзурæгау мæм фехъуыст дуаргæсы ныхас. Гыццылæй-иу искæй схъæрæй куыд ауынгæг мæ зæрдæ, афтæ уыцы уысм дæр мæ хъуыр ахгæдта, фæндыд мæ — фæтæргай у, «нал цæуын», зæгьгæ, фæлæ аив нæ уыд, æмæ мидæмæ бахызтæн. Дыккаг уæладзыгæй асинтыл мæ размæ æрцæйцыд, æрмæст- дæр цæсгомæй кæй зыдтон, уыцы ахуыргæнджытæй иу. Махæн ахуыргæнæг нæ уыд, фæлæ мын уый уæддæр, мæ зонгæтæй фыццагдæр кæуыл фембæлдтæн, уый уыд, æмæ мын æхсызгон уыд йæ фенд. Салам ын радтон. Иу уысм мæм, уæдæ кæцы уа, зæгъгæ, фæкаст, стæй мæ базыдта æмæ мæм нæма æрхæццæ, афтæмæй йæ къух мæ къух райсынæввонг æрцæйхаста. Бацин мыл кодта, цæмæйдæрты мæ бафарста, афтæмæй мемæ тыргъты бацыдис. Кæмæндæр мæ бацамыдта. Цæуæм дарддæр, стæй йæ æз баурæдтон, кæд æнæвдæлон у, мыййаг, æмæ æфсæрмæй цæуы мемæ, зæгъгæ. Мæн фæндыд ацы хæдзары къуымты иунæгæй азилын, адæймаг йæ сабийы бонтæ кæм арвиты, уыцы хæдзармæ бирæ азты фæстæ æрæфтгæйæ куыд азилид, йæ уарзон хъазæнтæй ма кæд исты ссарид, зæгъгæ, уыцы хъуыдыимæ, уыйау. Ахуыргæнæг мæ бамбæрста æмæ мын бирæ ныхæстæ нæ, фæлæ сабыр «цу, цу...», зæгъгæ, загъта, æмæ йæ кæм ныууагътон, уым ма цасдæр фæлæууыд. Æз бацыдтæн талынггонд нарæг тыргъы. Мæ фæндаг мæм зынд, æрмæст йæ иннæ кæроны цы рудзынг уыд, уый рухсæй. Ничи мыл сæмбæлд, ничи мыл скъуырдта йæхи, ахуыры рæстæг куыд вæййы, афтæ. Дыккаг уæладзыджы асинтæй схизæны лæууыдысты цалдæ- рæй. Дыууæ дзы — чызджытæ. Сæ иу, цыма зæххыл хъуыдда- гæй цыдæриддæр ис, уыдон уый зондæй сырæзинаг сты, ахæм æнгасимæ дымдта тамако. 125
Сæ рæзты бацыдтæн суанг тыргъы кæронмæ. Иучысыл алæу- уыдтæн, стæй сындæггай рацыдтæн. Рацыдтæн æмæ, кæй æрба- цыдтæн ардæм, ууыл цæмæдæр гæсгæ фæфæсмон кодтон. — Мæн фæндыд рæстæджы цалх бауромын, мæ къах-иу кæм æрæвæрд- тон, уырдæм фæстæмæ æрыздæхгæйæ алцы дæр куыд уыд, аф- тæмæй æрæййафын. Фæлæ куыд ис цард бауромæн? Цы уаид адæймаг æнæ фидæн? Куыд саргъ кæнид йæ абонæн, ивгъуыд рæстæг куы нæ уаид, уæд? Мæнæн уæддæр мæ хъуыр æхгæдта, рæстæг кæй цæуы, адæймаг æвзонг кæй нал вæййы, кæдæм æрба- цыдтæн, уым кæй зыдтон, уыдонæй кæй ничиуал ис, уыдæтты тыххæй. Фæстæмæ та талынггонд тыргъты рацыдтæн. Дуаргæрон та мæм дуаргæс цыдæр сдзырдта, фæлæ йæм æз ницыуал сдзырд- тон, афтæмæй æддæмæ рахызтæн. 1975 аз
СÆРГÆНДТÆ Чысыл разныхас. Хуыгаты Сергей 5 Радзырдтæ Фырт 7 Маст (Рагон хабар) 13 Æцæгæлæттæ 19 Дыууæ дидинæджы 22 Абон у мæ чындзæхсæв (Хинымæр ныхас) 24 Амондджын 26 Зиттæ 35 «Быба дард ацыд» 38 Æвзæндаг 40 Изæрмилты 42 Сыхæгтæ 45 Æмбисæхсæв 47 Фыстæг 49 Сыгьдæг доны ’ртæхтæ 55 Езетханы цин 57 Уалдзæджы улæфт (Мидхъуыдытæ) 59 Глази къаба 62 Адæймаджы фæд 64 Мæ гыццыл хæстæг 71 Уый Хадзысмел уыд 74 Амонд 79 Йæ ном мын Хадизæт хуынд 82 У арзæттæ 85 Бон цæуы æмæ фарн хæссы 91 Хъасболат 94 Æнахуыр изæр 95 Дæ цæсты рухс мын æрттива 98 Мæ гыццыл хо 100 Адæймагæй адæймаджы ’хсæн 104 Нæ зæронд фысым 108 Турсункæ 110 Фæндагыл 113 Мысинæгтæ Ирыхъæуы уынгты цæугæйæ 115 Мæ литературон фыд 119 Дзаболаты Хазби 121 Ирон чындзаг 123 Рæстæг 124
Литературно-художественное издание ТОМАЕВА МИСУРХАН МИСИРБИЕВНА От человека к человеку Рассказы на осетинском языке Редактор С. 3. ХУГАЕВ ХудожникЯ. С. ГРИГОРЯН Технический редактор А. В. ЯДЫКИНА Корректор Э.Дз. БАЛИКОЕВА Компьютерная верстка 3. С. МИСИКОВОЙ Сдано в набор 10.03.13. Подписано к печати 10.04.13. Формат бумаги 60х84'/|б- Бум. офс. № 1. Гарн. шрифта «Кудряшов». Печать офсетная. Усл.-п.л. 7,44. Учетно-изд. л. 7,09. Тираж 500 экз. Заказ № 1636. С 14. Министерство культуры и массовых коммуникаций РСО—Ала- ния. ГУП РСО—Алания «Издательство «Ир», 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25. Отпечатано с готовых диапозитивов в ОАО «Издательско-поли- графическое предприятие им. В.А. Гассиева», 362011, г. Влади- кавказ, ул. Тельмана, 16.