Text
                    ФÆРНИАТЫ БЕЧЫРБЕГ
Хадизæты
атонд
Уацаутæ æмæ радзырдтæ.
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1982


840сет С(Осет) Ф60 Рецензент Дзесты Куыдзæг Фæрниаты Б. Ф60 Хадизæты амонд: Уацаутæ æмæ радзырд- тæ.—Орджоникидзе: Ир, 1982.—172 ф. Фарниев Б. Д. Счастье Хадизат. В пер.: 60 к. Повести и рассказы объединяет стремление автора показать чистоту души своих героев. В повестн «Счастье Хадизат» создан образ вдовы солдата. Немало трудностей пришлось пережить молодой жешцине, но они не истребили в ней прекрасных качеств: добра и справед- ливости, жизнелюбия и добропорядочности. 70303-27 840сет М131(03)—82 С(Осет) © Издательство «Ир», 1982
»>»»»»»»»»»» Мæ чысыл бинонтæ, Замирæ æмæ Сашæйæн ХАДИЗÆТЫ АМОНД 1 — Дæхи-иу хъахъхъæн, мæ къона. Баку махонау нæу, стыр горæт у. Адæм дзы бирæ ис, ноджы æрцæуæг- гаг, алыхуызон;;. Иу сæ иннæйы нæ зоны, ничи. сæ нц- кæйы мæт кæны. — Ха-ха-ха... Цытæ дзурыс, цытæ, Хади? Фæстæмæ мæ авдæны бабæттынмæ хъавыс? • Ау, сывæдлон ма дæн? — Цы дæ уæдæ; цы, нырма?.. — Æмæ уæдæ арæх афтæ куы фæдзурыс, «дæ фыд дæ карæнæй хæсты фесæфт», уæд æй,сывæллонæй хæст- мæ куыд, акодтой? • — .Омæ* мæ къона,> уый хæст . уыд, хæст, адæмы сæфт, дæлдæр ныххауа йе ’рхъуыдыгæнæг. Уæд æндæр гæнæн æмæ хуыздæр бон нæ уыд адæймагыл,—уынгæ- джы бахаудысты адæм/Ныр та... . < ., — Ныр та...— дзурын налсуагъта Бубула йæ ма-. ды.— Дæуæн уый загъдæуа, хæст нæ цæуы, миййаг. Цы мын хъуамæ уа иннæтæй хъауджыдæр? . ,-г Уый бæргæ афтæ у, фæлæ уæддæр... . ^Ахæм ныхас кодта. мад йæ фыртимæ Орджоникидзе- йы. уынгтæй иуы , фæссихор, • вагзалмæ хæстæг. Бубула- йæн йæ ,иу къухы уыд. роггомау чумæдан, иннæ къухæй. та йæ ,мады цонгыл хæцыд сæрыстырхуызæй. Фæрсыр- дыгæй .бакæсгæйæ лæппуйы^ цæсгомыл зынд циндзинад. Бæрæг уыд, тынг/разы; кæй у йæ балцæй, уый.. Мады а
д&р къаддæр нæ фæндыд, йæ йунæг хъæбул, йæ сæр нывондæн кæмæн æрхаста ацал-ауал азы, уый балцы куы ацæуид æндæр горæтмæ, истытæ куы фенид. «Фе- наг зонаг у», зæгъгæ, хъуыды кодта хинымæр, фæлæ уæддæр цæмæдæр гæсгæ тарст Бакуйæ. Иæхæдæг ма сы- вæллон куы уыд, уæд-иу хистæртæй хъуыста, Бакуйы къинтотæ æмæ алыхуызон цæстфæлдахджытæ бирæ ис, зæгъгæ. Гъе, фæлæ ныр йæ лæппуйы ацыдыл сразы, иу- нæгæй кæй нæ цæуы, тынгдæр уый тыххæй. Вагзалмæ дæр уымæн рацыд Бубулаимæ — фена йын йе ’мбæлт- ты, аивæй йæ искæуыл ]афæдзæхса. Бубула мады хъуыдытæ куы ’мбæрстаид, уæд æй,. æвæццæгæн, вагзалмæ нæ, фæлæ сæ кæрты дуарæй ра- кæсын дæр нæ рауагътаид. Иæ сæрмæ рагæй нал ха’е- та, йæ алы къахдзæфмæ дæр ын исчи кæса, уый. Афтæ хъуыды кодта, цыма йæ кармæ гæсгæ сывæллон нал у, æмæ хъуамæ уа сæрибар. Уæвгæ, цыфæндыйаз дæр йæ мады ныхмæ никуы ницы сдзырдта. Фæлæ-иу ын уæд- дæр хинымæр хъыг уыдис, йæ мад йæ фæстæ фæзын- дис, зæгъгæ, уæд. Ныр Хадизæт йæ фыртмæ сусæгæй никуыцæй кæсы. Лæппу йын йæхæдæг хæцы йæ цоигыл. Цыма афтæ дзу- ры: «Кæсут: æз дæр лæг дæн ныр. Мæ мад никæмæй мæгуырдæр у...» Ноджы ма афтæ дæр æнхъæлдта, цыма уынджы цæ- уæг адæм иууылдæр Хадизæт æмæ Бубуламæ касты- сты, цыма сæм хæлæг кодтой, цы дзæбæх лæппу ис уы- цы сылгоймагæн, цы амондджын у уыцы мад, зæ- гъгæ. Æмæ, æвæццæгæн, Бубулайы хъуыдытæ раст уыды- сты. Уынджы цæуæг адæмæй-иу сæм бирæтæ хæпæггæ- нæгау аивæй бакастысты. Цæмæй зыдтой, сылгоймаг^н иæ мои хæстæй кæй нал сыздæхт, æмæ, йæ фыды цы сывæллон нæ базыдта, уый сидзæрæй ныууадзыны бæс- ты иæхицæн дыккаг амонд кæй нал саккаг коди Аадизæт азтæи уыд рæстæмбис кары, бæрзонд, хæрз- 4
конд. Кæд йæ цард иуыл зæрдæзæгъгæ нæ рауад, би- нонты царды адджын ад дзæбæх нæма бамбæрста, аф- тæмæй сидзæргæсæй баззад, уæддæр йæ гуырвидауц, йе ’рыгон бонты цавæр уыд, ахæмæй баззад. Æрмæст йæ цæсгомы дзыгъуыртæ цыма гæзæмæ фæирддæр сты, зынгæ дæр нал кæнынц дзæбæх. . Иæ лæппу йæхицæй фæбæрзонддæр. Фыд дæр бæр- зонд уыд. Хуызæй дæр фыды хуызæн у лæппу: саухил, фæтæнæрфыг ныллæг ных. Фындзы бын фæмила. — Кæдæм бырсут уый, Хадизæт, æгас бинонтæй? — сдзырдта мад æмæ фырты ауынгæйæ, иу ацæргæгомау, фæтæнтæарæзт ныллæг нæлгоймаг, вагзалы фæзмæ куыд æрбахызтысты, афтæ. — Дæ бон хорз, Хату! — бахудт Хадизæт.— Мæнæ Бубу Бакумæ цæуы, æмæ æз дæр йемæ рауадтæн... — Иттæг хорз! — фæрæвдз Хату.— Махæн дæр, уæ фарн.бирæ, фæлæ нæ бинонтæ йæ чызгимæ бæлццæттæ сты. Уартæ фæцæуынц,— ацамыдта размæ. — Бубу, кæцы вагоны баддзынæ, кæ? — æрбадзырд- та иуварсырдыгæй Бубулайы карæн къæсхуыртæ, бур- хил лæппу. — Фæлæуу-ма, Митя,—сдзырдта Бубула æмæ рæвдз- гомау ауад, чи йæм дзырдта, уыйырдæм. Мадæн ма æхсызгон дæр уыд, Бубула сæ кæй фæ^ уагъта, уый, лæппу йæ куыд нæ бамбара, афтæ йæ кæд искæуыл афæдзæхсин, зæгъгæ, — Салам, мæ замманайы кæддæры сыхæгтæ! — хъæ- рæй сдзырдта, Хатуйы кармæ хæстæг чи уыд, ахæм нæлгоймаг.— Сымах дæр балцы ма сфæнд кæнат? Ау, æмæ бæлццæтты хуызæн не стæм? — фæцырд Ха- ту.— Æви бæлццæттæ махæй хуыздæр вæййынц? — Махæй та ма цæй бæлццæттæ ис,_ махæй, Га- гуыдз? — бахудти Хадизæт. Гагуыдз Бубулайы ауыдта. — А, Бубу, ды цæуыс, æвæццæгæн, балцы, иугæр Хадизæт нæ цæуы, уæд. 5
— Æз цæуын, æз, бæгуыдæр, Гагуыдз. — Æмæ кæцы вагоны ис дæ бынат? — Æвдæм вагоны, дæсæм бынат. — Гъеуый дын, гъе. Мæнæн та дæсæм вагоны, æв- дæм бынат. Гагуыдз фæраст. Йæ фæдыл араст Бубула дæр. Цом, Хади, зæгъгæ, ма фæдзырдта йæ мадмæ, æмæ лæгть^ разæй фæци. — Бубу, мæ хæдзар, фæндараст-иу фæу. Дæ разы цыппæрæм вагоны махонтæ, æмæ-иу сæм фæкæс. — Уый дын4 мæ быгъдуан, Хату. Мæ бар сæ уадз^ мацæмæй сын тæрс,— бахудт æмæ фæстæмæ радзырдта Бубула. Хадизæты зæрдæ ныррухс йæ фырты ныхæстæй. Хи- нымæр ма йæхиуыл дæр фæхудт. Цалдæр минуты раз- мæ дæр ма йæм сывæллон чи каст, уый ныр, вагзалы фæзы цы бирæ адæм ис, уыдон астæу никæмæй æгуы- дзæгдæр зыны. «Гъæ, мæ цæсты рухс акæнай, кæд ды мæ иунæг бындур дæ, уæд. Куы мын ахъомыл дæ, куы, æнхъæлдæн. Æз та ма дæ сывæллон куы хуыдтон...»— дзырдта хинымæр. Мад йæ фырты фæстæ тагъдгомау ацыд, æмæ цыма йæ алыварс змæлæг нæ уыд,— уынгæ дæр никæйуал^ кодта Бубулайы йедтæмæ. Бæлццæттæ . æмæ фæндарастгæнджытæй чи кæцы уыд, уый ничиуал раиртæстаид. Алчидæр хъæлдзæг, хъазæн ныхас кодта, худти. Боныхъæд дæр æмбисонды дзæбæх уыд. Хур арвы астæуæй иыгуылæнырдæм раджы акъул. Уæлдæфы тæвд зынгæ фæкъаддæр. Арв дæр цъæх-цъæхидæй æр- касти хæхтæм, агъуыстыты сæртæм, бæлæсты цъуппы- тæм, быдыртæм. — Поезды арастмæ ма баззад дæс минуты! Курæм, æмæ бæлццæттæй алчидæр йæ бынат æрцахсæд. Фæн- дарастгæнджытæ вагæттæй рахизæнт! — радзырдæуыд радиойæ. 6
Адæм тынгдæр базмæлыдысты, ныхасыхъæд фæ- тагъддæр, вагæттæм æзраздæронæй хизын байдыдтой. — Схиз, мæ къона, вагонмæ, кæннод баззайдзынæ. — Ма тæрс, Хади, нæ баззайдзынæн,— зæгъы Бу- була. Райхъуыст та радиойæ: — Бæлццæттæ, уæ бынæттæ æрцахсут. Поезд араст уыдзæн æнæ уæлдай хъусынгæнинагæй! — Нæ дын зæгъын, Бубу, сбад тагъддæр. Уыныс, ал- чидæр куыд тырны йæ бынатмæ. — Æз дæр бадын, æз, Хади. Цæй,— йæ мады русæн апъа кодта Бубула æмæ рæвдзгомау вагонмæ схызт. Ха- дизæты ма ахъæбыс кæнын фæндыд йæ лæппуйы, фæ- лæ Бубула рагæй дæр нал уагъта адæмы раз йæхицæн хъæбыс кæнын. Æфсæрмы кодта. Мад лæппуйы фæстæ кæсгæйæ баззад... — Хади! Хади!.. Ракæс-ма ацырдæм, мæнæ дæн!— райхъуыст вагоны рудзынгæй.— Инпæбон нæ размæ нæ рацæудзынæ? Рацу-ма-иу, куы дæ ’вдæлдзæн дæ куыс- тæй. Рацæудзынæ? — курæгау дзырдта фырт скæуы- нæввонг мадмæ. Уымæй йæ мады зæрдæ фидар кодта. Ома: мацæмæй мын тæрс, дзæбæхæй æрбаздæхдзынæн. Мады зæрдæ лæппуйы зæрдæвæрæн ныхæстæм но- джы суынгæгдæр, фæлæ йæхи урæдта. Дзурын йæ бон нæ уыд, афтæмæй былтæ змæлыдысты. Дæндæгтæй-иу æр- хæцыд куы йæ уæллаг, куы йæ дæллаг былыл, афтæ- мæй йæ сæр тылдта дзуаппы бæсты йæ лæппумæ. Ома: «О, о, рацæудзынæн дæ размæ... Æнæмæнг рацæудзы- нæн...» Поезд сындæггай араст — экскурсион балцы поезд — Бакумæ. 2 Вагзалæй куы ’рбаздæхт Хадизæт, уæд йæ лæг Асте- мыры кæнгæ æфсымæры хистæр хо Катятæм йæ зæр- 7
дæйы æнкъарддзинад асурыны ныфсæй бацыд. Фæлæ Катя сæхимæ нæ разынд. Дуар ын бакодта Катяйæн йæ кæстæр чызг, дæсæм къласы ахуырдзау, Люлюкæ. Æх- сызгон ын уыд Хадизæты æрбацыд. Иучысыл абадт Хадизæт Люлюкæимæ, аныхæстæ кодтой, Бубулайы кой дæр сæм рауад, фæлæ уæддæр мады зæрдæ нæ фæхъæлдзæгдæр. Цыдæр ын нæ фаг кодта, уаты уæлдæф дæр æм æнуд каст, афтæмæй рудз- гуытæ гом уыдысты. Люлюкæйы хистæр хо Алычкæ дæр æрбацыд инсти- тутæй. Иудзæвгар ма аныхас кодтой, стæй Катя зынæг куы нæ уыд, уæд Хадизæт æрхызт кæртмæ... Аракæс- бакæс кодта, кæд Катя ам искуы бады, зæгъгæ, фæлæ йыл йæ цæст не ’рхæцыд. Сæхи подъездырдæм араст, æмæ та йæм йæ зæрдæногæй сдзырдта: «Иунæгæй цы ми кæнын мидæгæй дæр. Раджы у нырма. Исты кусын дæр мæм нæ цæуы, фæлтау уал кæрты абадон, кæд Ка- тя дæр зынид уæдмæ». Уыцы хъуыдытимæ баздæхт, сæ подъезды ракомкоммæ цы дыууæ сылгоймаджы бадт кæрз бæласы бын, уыдонмæ. — Цы джихтæгæнгæ цæуыс, Хадизæт, æгас цу,— сдзырдта сылгоймæгтæй иу, дыууæйæ дæр сыстадысты, афтæмæй. — Фарн уæ бадты уæд æмæ уæ изæртæ хорз. Сба- дут, уæ хорзæхæй. — Абад нæм ды дæр, кæд дæ æвдæлы, уæд,—зæ-* гъы дыккаг сылгоймаг, æмæ æрбадтысты. — Æвдæлгæ дæр мæ цæуыннæ кæны, цы кусын. Бу- бу мын ам нæй, æмæ мæм ницы кæнын цæуы... — Æмæ дын Бубу кæм ис? — Кæм куы зæгъай, Нателлæ, уæд Бакуйы. Абон экскурсийы ацыд. ^— Æмæ уæдæ ууыл æнкъард дæ, ууыл? — бафип- пайдта Наталя æмæ йæ дзыхыдзаг ныххудт. (Наталя хонын йæхи нал уагъта — Нателлæ). — Ницы дæн æнкъард, Нателлæ. Амæй уæлдай мæ 8
кæртмæ заргæ æрбацæугæ кæд федтай, нæ зонын. — Заргæ нæ фæкæныс, фæлæ дæ цæстытæ æндæр- хуызон ферттивынц. Раст нæ зæгъын, Минтæ? — афарс- та Наталя, йæ фарсмæ цы сылгоймаг бадт, уымæ ба- кæсгæйæ, æмæ ноджы хъæрдæрæй ныххудт. — Растæй, зылынæй — цæуыннæ ныууадзыс мæгуыр сылгоймаджы? — Ха-ха-ха, æмæ цæмæй мæгуыр у. Бубу йын æгæр дзæбæх айрæзт? — Бубу йын айрæзт æмæ цы? Дæумæ дзы иу нæ, фæлæ дыууæ куы рæзы, æмæ ма дæ лæг дæр дæ фарсмæ куы ис,— бауырдыг Минтæ Наталямæ. — Ха-ха-ха,— ныххудтис та хъæрæй Наталя уыцы æнæмæт, æнæфсармхуызæй, æмæ ма суанг сæ фарсмæ, дзæвгар æддæдæр чи бадт, уыдон дæр сæ хъус æрба- дардтой, цы хабар у, зæгъгæ.— Æмæ лæг та цы у, цæ- мæн хъæуы? Æз мæ дыууæ лæппуйы фондз лæгыл дæр нæ баивдзынæн. — Дæуæй уæлдай йæ сывæллæтты лæгтыл ничи ивы, фæлæ уæдæ дæ цоты кæй ныфс, кæй фæллойæ хъомыл кодтай, кæд лæг ницы у, уæд? Дæхи дын кусгæ куы ни- куы федтон.... — Æмæ кусын та цы у? — фæлыг та кодта Минтæйы ныхас Наталя.— Кусгæ дынджырхъусджынтæ дæр кæ- нынц, æмæ æгад, æдзыдæи ныххæдмæлтæ вæййынц... Хадизæт мæсты кодта Наталяйы æнæууылд ныхæс- тæм, фæлæ йæм ницы дзырдта. Хорз зыдта, цы уаг, цы ’гъдау æмæ йæм цы зондахаст ис, уый. Цæрæнбонты йæ амалджын лæджы хъарм ахстоны фæцард, цъиутæ Дзы рауагъта, схъомыл сæ кодта сæ фыды’ фæллойæ, æмæ уый стыр сгуыхтдзинадыл нымайы йæхицæн. Уыи- мæ йæ ныхасæн дæр, йæ худтæн дæр нæ уаг зоны, нæ— бынат. Ныр æгæр-æгæр куы кодта Наталя, уæд Мин- тæйæн аивæй ацамыдта, мауал æй къах, зæгъгæ. Минтæ ныхас иннæрдæм фездæхта: 9
— Хадизæт, æмæ кæд æрбаздæхдзæн Бубу Баку- йæ? — Иннæбон загътой, бæргæ,— дзуапп радта Хадизæт æмæ сыстад, цæуынмæ ахъавыд. Цыма зæххы скъуыдæй февзæрд —сæ цуры алæууыд сыхбæсты тæккæ хъæлдзæгдæр æмæ æнæхиндæр сыл- гоймаг Клавæ. — Гъæтт, Нателлæ, дæ худт та, Нарты бæхты мыр- мырау, уæларвмæ куы хъуысы! Наталя нæ бамбæрста Клавæйы ныхасы æлхыскъ хъуыды, æмæ Минтæ йæхи фæразæй кодта: — Клавæ, фатер æнæхъæнæй бацахстай æмæ дын, æппын кицы, фæлæ раарфæ кæнын дæр нæ хъæуы — дæ- хи куы ныхъхъус кодтай. — Æмæ йын уæд йæ цæстытæ бабæттын хъæуы, цæ- мæй исты зæгъа, уый тыххæй,— фæрæвдз та Наталя æмæ сæрыстырхуызæй ныххудт — «уый та дзы уымæн», зæгъгæ. — Раст зæгъыс. Дæу хуызæттæ мын мæ цæстытæ куы нæ бабæттой, уæд ницы зæгъдзынæн. Фæлæ мæнæ Минтæ, Хадизæт, уæртæ Катя, Женя... Уыдоны тыххæй ныртæккæ дæр — цæттæ,— загъта Клавæ. — Цæй, сымах уал абадут, æз цæуын,— Хадизæт куыд фæцæйраст кодта, афтæ йæм Клавæ фæцырд, йæ цонгæй йæ ацахста, æмæ йæ бадæнмæ æрбайвæзта фæс- тæмæ. — Фæлæуу-ма, абадæм-ма иучысыл. Дзæбæх изæр куы у. — Æз нал, Клавæ, уæхæдæг абадут. — Ауадз æй, Клавæ, Бубу йын ам нæ?г æмæ йæм бадын нæ, фæлæ дзурын дæр, æвæццæгæн, нæ цæуы,— загъта Минтæ æмæ уый дæр сыстад. — Æмæ дын кæм ис Бубу? — афарста та Клавæ Ха- дизæты цонг суадзгæйæ. — Балцы йын асхуыста,— фæразæй та дзуапмæ Минтæ. 10
— Уый зонгæйæ йын исты æрбаласын кодтаин, мæ гыццыл сыхагæн. — Дæу та æрмæст ласыны мæт ис цæрæнбонты, искуы ма истæмæй бафсæд,— йæ ныхас æрбаппæрста! Наталя. — Дæ лæджы хуызæн «шахтер» куы ссарон æз дæр, уæд мын уый къахдзæн æмæ ласдзæн, æз та базыл уæлæуæзгомау сбаддзынæн. Хадизæт нал байхъуыста Клавæйы ныхасмæ, Наталя та куы райдайа ногæй, зæгъгæ, æмæ ацыд сæхимæ. Хадйзæтмæ йæ фатер æнæ йæ лæппу каст афтид, æн- къард. Цыма йæ къултæ алырдыгæй æлхъывтой, цыма йæ уæлдæф дæр абон бынтон æндæрхуызон уыд, цыма цырæгътæ дæр иннæ бонтау нæ рухс кодтой. Чи зоны, цас фæбадт Хадизæт æндзыгæй талынг уаты, цавæр нывтæ ивтой кæрæдзийы ивгъуыд царды бонтæй, фæлæ уæддæр иуафон сыстад дивапæй, ссыгъ- та цырагъ, уатыл йæ цæст ахаста, цыма, дзаумæттæй кæд исчи йæ бынаты нал ис, зæгъгæ, тæрсгæ фæкодта, уы- пау. Афæлвæрдта телевизормæ бакæсыныл дæр, фæлæ йæ уайтагъд фæстæмæ ахуыссын кодта — йæ зæрдæмæ дзы ницы бахызт. Ахуыссын кодта цырагъ дæр. Рацыд балкърнмæ, аракæс-бакæс кодта алырдæм. Адæм дыу- ’ уæрдæм кодтой уынджы, фæлæ сæ иу дæр уæлæмæ, бал- къонмæ не скаст Хадизæтырдæм. Иу дæр сæ нæ ахъуы- ды кодта, цымæ уыцы сылгоймаг иунæгæй талынг бал- къоны цæмæн лæууы, цæуыл сагъæс кæны, зæгъгæ. ...Дайраны комæй Терчы дон йемæ рахаста цъити- джын хæхты уазал уддзæф, апырх æй кодта горæты уынгты, гомрудзынг хæдзæрттыл, тыгъд быдырты. Бæл- вырд фæдзæбæхдæр ис уæлдæф. Фæлæ дын мæнæ Хадизæтæн йæ хъустыл ауад йæ лæг Астемыры хъæлæс. Ракаст уатырдæм. Талынг уаты змæлæг нæй. Цы уыдаид цымæ?.. Йæ къах бавæрдта- дуары тарвазыл. Йæ ’зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта. Хъуы- сы та йæм ногæй... Астемыры худын. Бахызт мидæмæ, 11
дуар йæ фæстæ сындæггай ассыдта. Лæууы. Цырагъ; ссудзын дæр нал уæнды. Фæлæ цæмæй тæрсы, æддаг дуары гуыдыр æхгæд куы у. Йæхи æруагъта диваныл. Къулы сахат иугæндзон къуырцц-къуырцц кæны. Но- гæй та Астемыры худын, стæй...— «Йæ, уæууæй, Хади, æз дæ ныфсджын.куы хуыдтон, уæд цæй тæппуд ра- зындтæ?! Цæмæй тæрсыс Бубуйæн, ныр æнæхъæн лæг куы у?.. Мæ карæнмæ æввахс, нæ иунæг, цæджындз».,.. Хадизæты хъустæ сгуыр-гуыр кодтой, цæсгомы цъар ссыгъд, цыдæр сдзуринаг уыд, фæлæ Астемыры хъæлæс нал хъусы. Зæрдæ къултыл йæхи хойы, рæмудзы ри- уæй... Астемæ, Астемæ... Кæдæй йæ нал федта йæ фыны дæр. Зæрдæйы æппæт къуымтæ дæр æрцахста Бубу. Бубу уыд йæ мæт, йæ цин, йæ хуры рухс, йæ райсом... Йæ рæвдыдхъуаг, фыдæбонвæллад æрыгон цард йæ фæс- таг улæфты онг дæр уыд йæ хъæбулы. Стъалыты цæхæрæй дæр-иу ирддæрæй чи ’рттывта, уый йæм-иу йæ фырты хуызæн каст. Ныр, хъусынæй кæмæ нæ бафсæст, уыцы æнахуыр фæлмæн худт, булæмæргъы зарды хуызæн æм чи каст, уыцы æдзардæй сæфты хъæлæс йæ хъустыл кæцæй ауад, йæ уд ын куы фæхæссы кæдæмдæр... Дуары дзæнгæрæджы зыланг исдуг нæ бамбæрста Хадизæт, стæй фестад æмæ дуар кæнынмæ рауад. — Ардæм куы схизын, уæд мæ лæф-лæф ссæуы, цы- ма нæхæдæг бирæ ныллæгдæр цæрæм,— хъуыст дуары æддейæ Катяйы фæлмæн ныхас.— Ам, зæгъын, ничи ис, æвæццæгæн. Дуар æрæгмæ куы кодтай, уæд фæстæмаэ -здæхинаг уыдтæн... — Катеринæ, мидæмæ,— дуар байгом кодта Хади- зæт. — Цæуын, цæуын мидæмæ, фæлæ мын дуаргæнæг нæ уыдис. — Мидæггаг уаты дуар æхгæд уыд,— йæхи раст кæ- ныиыл фæци Хадизæт,— балкъоны дуар та чысыл гом, æмæ дзæнгæрæджы зыланг хорз нæ хъуыст. 12
— Агуырдтай, дам, мæ, Алычкæ мын афтæ, æмæ дэе, зæгъын, абæрæг кæнон. Æнафон у, фæлæ. — Цæй æнафон у нырма? Ахиз уатмæ... Дыууæ сылгоймаджы стыр æнафонмæ фæныхæстæ кодтой. Катя нал ацыд уыцы æхсæв сæхимæ, Хадизæ- тимæ иумæ бахуыссыдысты, æмæ уайтагъд афынæй. Хадизæтыл та æнæхуыссæгæй сбон... 3 ...Чызг ма уыд уæд Хадизæт. Ахуыр кодта ирон пед- училищейы фæстаг курсы. Цардис æмдзæрæны иу уаты Заретæ, Кæлимæт, Нинæ æмæ Азæимæ. Цалдæр азы сæ хæрд, сæ бадт иу уыд. Суанг ма сæ фæнд дæр, Кæ- лимæтæй фæстæмæ: училищейы фæстæ бацæудзысты пединститутмæ, æмæ та уым дæр æрцæрдзысты иу ран, иу уаты. Æрмæст Кæлимæтмæ ахæм кой никуы уыд^ Куыд æй бамбæрстой, афтæмæй мой скæнынмæ йæ хъус дардта. Училище дæр ныууагътаид, курæг æй цы бои фæуыдаид, * уæд. Йе ’мбæлттæ йын тæригъæд кæнын дæр райдыдтой. Уый тыххæй æмæ ахуыр йæ сæрмæ нæ хызт, афтæмæй та йæ конд, йæ уынд, йæ февнæлд; йæ зæрдæйы уаг æппæлыны аккаг уыдысты. Раст цыма дзургæ бакодтой чызджытæ, уыйау ын алчидæр йæхи- нымæр мойаг агурын райдыдта. Иу уалдзыгон изæр,— майы мæйы фæстаг бонтæй иуы,— чызджытæ фондзæй дæр рацыдысты ирон театр* мæ. Уыцы изæр театры æвдыстой Брытъиаты Елбыз- дыхъойы пьесæ «Дыууæ хойы». Театры размæ фæзы бирæ адæм уыд: чи уæлдай билет агуырдта, чи йе ’мбалмæ æнхъæлмæ каст, чи та афтæ æнæуи лæууыд, кæд зонгæйыл сæмбæлин, зæгъгæ... — Хадизæт, кæдæй-уæдæй ма! — фæдзырдта, бахи- зæнæй иуварс, галиу къуымы цы дыууæ лæппуйы лæу- уыд, уыдонæй иу, æмæ йæм худгæ бацыд. Чызджытæ Хадизæты кой куы айхъуыстой, уæд сæхи 13
фæуромæгау .* кодтой, æмæ иуварс . баздæхтысты. — Æцæгæй дæр ма, кæдæй-уæдæй, Мурат,— бацин, кодта Хадизæт æмæ лæппуйы къух райста.— Æлхæнын- мæ дæр дæ адæймаг куынæуал ары, кæм фесæфтæ? — Сæфгæ та уанцон нæу, Хадизæт, фæлæ йæ нæ зо- ныс дæхæдæг,— фæстаг курс, фæстаг фæлварæнтæ... — Æмæ дæуæн та фæлварæнтæ цы сты? — нæ йæ суагъта дзурын Хадизæт.— Мæнмæ гæсгæ сæ иу бон дæр авæрис, куы дæ бауадзиккой, уæд. Тæхуды, мæнæн дæр куы уаид мæ бон дæуау, уæлдайдæр... Институ- ТЫ...1 ’ • - , , . - — Цæй, мауал та къах æппæлæн ныхæс.тæ дæхи- цæн. Куы, зонын ,дæу дæр, ахущры дын куыд æнтысы, уый. , — Дæумæ ма мæ ,бирæ цыдæртæ хъæуы, Мурат. — Мæнæй хуыздæр чи ахуыр кæны,, ахæмтæ нæм бцрæ, ис, æмæ уæд уыдонмæ хæлæг кæн. . — Уыдон æз нæ зонын. , , — Æз дæ базонгæ кæндзынæн, кæд, дæ тынг фæнды, уæд. Стæй кæд.дæ фæнд нæ аивтай, уæд сæ дæхæдæг.' дæр фендзынæ. — Институты тыххæй зæгъыс? — Уæдæ! , / , — Æмæ уымæн ивæн жс? Нæ мæ зоныс уый тых- хæй?.. , Цалынмæ даууæ æмхæрæфырты «нымæтын ехсæ^ кæрæдзи надтой>>, уæдмæ сæ галиу фарсмæ, къуыммæ ’ввахс, Мураты æмбал Астемыр иунæгæй лæууыд æмæ афишæтæм лæмбынæг каст. Сæ рахизырдыгæй, та, чы- сыл иуварсдæр, Хадизæты æмбæлттæ сæхимидæг сусу- бусутæ кодтой. — Астемыр, раст цыма уыцы афишæйы физикæйы формулæтæ ахуыр кæныс,—хъазæгау бадзырдта Мурат йе ’мбалмæ.— Рацу хæстæгдæр. Нæ зонын, цы мын кæнын кæныс уæдæ? Ам лæу- гæ дæр дæ куыд ныууагътаин. 14
’ ’— Базонгæ у Хадизæтимæ.* Ме ’мхæрæфырт у, пед- училищейæ,— загъта Мурат, Астемыр сæм куы æрба- хæстæг, уæд. • ’ ’ ■ ’ ’ — Æппын никуыйы! бæсты фæлтау æрæджиау дæр уæд, нæ? — зæгъы Астемыр æмæ йæ къух бадаргъ код- таХадйзæтмæ! Чызг ын йæ къух райста, бахудæгау код- та, ницы сдзырдта, * афтæмæй. Æрмæст æм комкоммæ аивæй иу каст бакодта’; ;стæй йе ’мбæлттæм- бадзырдта йæ сæрæй ацамонгæйæ: ; — Заретæ, цомут мидæмæ, афону. — Æмæ нæ зонгæ та цæуылнæ кæныс дæ чызджы- тимæ, Хадизæт? — афарста Мурат. : — Дæу бафæзмыдта, мæ хæлар,— æлхыскъгæнæгау - бафиппайдта Астемыр æмæ та бахудт Хадизæтмæ æрба- кæсгæйæ. Астемыр æмæ Хадизæт кæрæдзимæ фемдзаст сты. Чызг фæсырх æмæ йе ’мбæлттырдæм фæзылд. Лæппу йæхи æндæрхуызон дæр нæ фæкодта, афтæмæй каст Ха- дизæтмæ. Бацыдысты мидæмæ. Æрцахстой сæ бынæттæ. Залы цырæгътæ фæмынæгдæр сты. Рацыдаид ма дыууæ-æртæ минуты, афтæ бынтондæр æрхуыссыдысты. ’ ’ ’ - Залы къуымты азæлыдысты «Дыууæ хойы» цагъды зæлтæ. Æмбæрзæн сындæггай фæйнæрдæм ацыд, адæм ныссабыр сты, ныхъхъуыстой, ныккастысты сценæ- мæ... Фыццаг архайд куы фæцис, уæд адæмæн сæ фылдæр рахæлæф кодта фойемæ, чи та буфетмæ. Рацыдысты Мурат æмæ Астемыр дæр. Мурат ахъахъхъæдта æмæ Хадизæтыл йæ цæст не ’рхæцыд. Аивæй сæ цурты ( сæхи æрбайстой Кæлимæт æмæ Азæ. Лæппутæ сæ ауыд- той æмæ сæм бараст сты. — Æмæ Хадизæт кæм и? — сонт фарст акодта Му- рат. — Хадизæт хъалты æмбырдмæ нæ цæуы,— фæцырд 15
Кæлимæт, цыма лæппутимæ рагæй зонгæ уыд, уыйау æмæ Азæмæ бакаст. — Уый та цы хонут, кæм ис хъалты æмбырд? — Уый махæй зæгъынц, Мурат,— йæ ныхас баппæр- ста Астемыр. — Сымахæй дæр æмæ мæнæ ам тезгъо чи кæны, уы- донæн сегасæй дæр,— фæрæвдз та Кæлимæт. — Фехъуыстай, куыд дын базыдтон де ’мхæрæфыр- ты хъуыдытæ? — Сем дæ æмæ Сем, Астемыр, дард ацæудзынæ аф- тæмæй, бауромæг дæ куы нæ фæуа, уæд. Кæлимæт Мураты ныхасы хъуыды нæ бамбæрста æмæ сгуыхтхуызæй афтæ: — Дардыл, дам, фæцу æмæ хæстæгмæ дæ хæдзар ссарай... — Астемыр, бæллын дæм, дæхи хуызæн дардмæуы- иаг, цыргъзонд сæрылдзурæг дын кæй фæци, уый тых- хæй. Кæлимæт та нæ бамбæрста ныр дæр Мураты дæл- гоммæ ныхасы нысан æмæ ныххудт. Æхсызгон ын уыд йæхинымæр, Мурат дзы кæй раппæлæгау кодта, уый. Афтæ йæм фæкаст, цыма Мурат бамбæрста, Астемыры зæрдæмæ кæй фæцыд Кæлимæт, уый, æмæ ахæм дæл- гоммæ ныхæстæ дæр уымæн кæны. Цыдæр æнцондзи- над йе уæнгты ахъардта, бафæндыдис æй, антракт фыл- дæр куы ахастаид, æмæ ма сæм исты ныхæстæ куы ра- уадаид, уый. Фылдæр истытæ куы дзырдтаид Астемыр... Фæлæ антракт фæцис. Райдыдта дыккаг архайд. Кæ- лимæт иннæты хуызæн кæд сценæмæ кæсгæ кодта, уæд- дæр дзы йæ сæрмæ ницыуал хызт, зæрдæмæ дзы ницы- уал хъардта — йæ хъустыл уадис Астемыры хъæлæс. Фыццаг хатт фембæлдысты Астемыримæ. Хæстæгдæр базонын æй фæндыд лæппуйы, фæлæ фаг нæ алæууы- дысты иумæ, нæ аныхæстæ кодтой, куыд æмбæлд, аф- тæ — æгæр тагъд фæцис антракт... Бынтон зæрдиагæй ’сценæйы архайдмæ нæ каст Ас- 16
темыр дæр, цыдæр ын нæ фаг кодта. Антракты^рæстæг Хадизæт залæй фойемæ кæй нæ рацыд, уый йын ца- вæрдæр уазалад йæ зæрдæйы бауагъта. Нырæй размæ- кæд никуы федта Хадизæты, уæддæр æм афтæ фæкаст, цыма, рагæй æнхъæлмæ кæмæ каст, æхсæвæй-бонæй кæй сурæт нывæста йæ хъуыдыты, ууыл сæмбæлд. Фæлæ уый цавæр фембæлд у? Арвы ферттывдау театрмæ æр- бахизæн къæсæрыл федта Хадизæты, йæ къух ын райс- та æрмæст, æндæр ын йæ дзыхы дзырд дæр дзæбæх’ нæ фехъуыста. Мидхъуырдухæн кодтой алыхуызок хъуыдытæ Астемыры сæры. Зæрдæ куы цины хурмæ^ йæхи тавта, куы уазал доны йæхи надта, сæр дзæгъæлы хуызæн кодта. Иуафон ма йæ Мурат фæрсгæ дæр ба- кодта, «цы джихтæ кæныс», зæгъгæ, фæлæ йæм Астемыр’ ницы сдзырдта. Систа йæ дзыппæй блокнот æмæ уыцы гæзæмæ рухсмæ цыдæртæ фыссын райдыдта. — Дæ фиппаинæгтыл архайды кæронмæ нал лæу- уыс? — афарста та йæ Мурат, цыдæртæ фыссы Астемырг. уый куы федта, уæд. Астемыр та йæм ныр дæр, цыма йæ дзыхы дон уыд— 1 ницы сдзырдта, æрмæст æм бакаст æмæ йын йæ сæрæй ацамыдта, ма мæ хъыгдар, зæгъгæ. Йæ фыстыты иуæй- иу дзырдтæ хæххытæ кодта æмæ сæ æндæртæй ивта. Æппынфæстаг дзы цыбыргомау æмдзæвгæгонд рауад.. Бакаст æй йæхинымæр, дыккаг... æртыккаг хатт. Аф- тæ йæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ фырцинæй, кæм бады, уый дæр дзы æрбайрох, афтæмæй Мураты æрбахъæбыс код- та. Мурат нæ бамбæрста йе ’мбалы æнæнхъæлæджы ахæм ми, æмæ йæм дисгæнæгау бадзырдта: — Фæлæуу-ма, Асиат дын дæн? — Асиат нæ дæ, нæ, мæ хæлар,— Астемыры ныхасьг кæрон гæрæхты бын фæци. Фембæрста, сценæйы цы бæл- лæхтæ цæуы, уый. Хъылцыхъо Асиаты скъæфæг Са- ламджерийы æрбагæрах кодта, Пупæ та скъæфæджы æмбал Бибойы амардта. 17Г
Пупæ æмæ Асиат сæ амонд ссардтой топпы цæст æмæ хъамайы фындзы руаджы. ...Бирæ; къухæмдзæгъды фæстæ спектакльмæкæсджы- тæ раивылдысты театрæй; Мурат æмæ Астемыр Хадизæты йе ’мбæлттимæ се ’мдзæрæнмæ бахæццæ кодтой. Фæндагыл Астемыр ар- -хайдта Хадизæты фарсмæ цæуыныл æмæ йемæ ныхас кæныныл, Кæлимæт та тырнйдта лæппумæ йæхи хæстæг- _дæр кæныныл. Ие ’мбæлттæй ныхасы бар никæмæн лæ- вæрдта, афтæмæй лæппутæй сæ иумæ дæр, се ’ннæмæ дæр Т1æ ныхас æппæрста, худт, цыма æцæгæй дæр рагæй зон- гæ уыд семæ. Чызджытæн сæ хæдзары дуармæ лæппутæ хæрзæх- ^сæв загътой æмæ рацыдысты сæхи æмдзæрæнмæ. Уыцы æхсæв Астемыр ницы загъта Муратæн, Хади- зæт ын йæ* сæрызонд кæй сæнкъуысын кодта, æмæ мæйдар æхсæв æнæзонгæ фæндагæй куыд тæрсай, афтæ йын йæ риумæ тас кæй бауагъта, уый. Æмбисæхсæвæй аивгъуыдта. Адæм сæ тарф фынæйæ "нæ бамбæрстой, тæрккъæвда куы^ рацыд, æмæ фыццаг хатт арв куыд ныннæрыд, уый. Æрмæст Астемырмæ ^уыссæг æмгæрон дæр нæ цыд, æмæ къæвда рудзгуытæ куы ’рхоста, стæй ма ноджы арв куы ферттывта, уæд йæхинымæр бакуывта: «Гъе, Уастырджи, рагæй кæй ^гуырдтон, абон уый базыдтон, æмæ арвы ферттывдау мæ цард дæр куыд сæрттива, уыцы арфæ ракæ...» ’ Боны æрбарухсимæ къæвда дæр банцад, фæлæ Ас- темыр уый нал бамбæрста, бафынæй. 4 Хадизæтæн æхсызгон уыд, Кæлимæт цы агуырдта, уый æппынфæстаг кæй ссардта, уый. Астемыр-иу куы Мурагимæ, куы иунæгæй бауад чызджыты æмдзæрæн- ’мæ. Æмæ уыдоы иууылдæр афтæ æнхъæл уыдысты, цы- ма сæм лæппу Кæлимæты тыххæй цæуы. Кæлимæт йæ- VI 8
хæдæг дæр афтæ æнхъæлдта, æмæ-иу Астемырй цур йæ- хи æмбисонды аивдард кодта. Йæ къахдзæф, .йæ ны~ хас, йе ’рбадт кæнæ йе слæуд, йæ алы фезмæлд дæр> уыдысты зæрдæмæ бацæуыны фæдыл. Кæд-иу аивæй Астемыр Хадизæтимæ ныхасыл фæлвæрдта, архайдта- иу истыхуызы йæ зæрдæйы уаг бамбарын кæнын, уæд- д;æр уый йæ къухы не ’фтыд. Бахъуыдис æй ищ хуыз- дæр хæлар Мураты æххуыс^ Фыццаджыдæр , уымæн. , схъæр кодта^ Хадизæтмæ цы зæрдæйы уаг >дары,< уый. Иуахæмы йæ дзыппæй систа йæ блокнот æмæ теат- ры цы æмдзæвгæ ныффыста^уый йæм равдыста. Мурат иудзæвгар не ’мбæрста æмдзæвгæйы хъуыды, йæ нысан. Фæлæ йын æй Астемыр бамбарын кодта. Загъта йын æргом, Хадизæт у, йæ фыны дæр кæмæ бæллыд,- йæ^ хъалæй дæр кæй агуырдта, афтæмæй кæй нæ ардта^ уыцы царды ныфс, хуры рухс. Муратæн æхсызгон уыдг йе ’мхæрæфырты йын ахæм лæппу кæй бауарзта, уый. Хадизæт кæд утæппæт рæстæг йæхинымæр ,гуырысх0' кодта Астемыры цæстæнгас æмæ хидардыл, уæддæр ар- хайдта цæмæй йæ зæрдæмæ хæстæг дæр мачи бацæуа, ууыл. Цалынмæ институт каст фæуа,< уæдмæ моймæ* ацæуыныл , ахъуыды ;Кæнын йæ .зæрды кæрон дæр нæ уыд. Ныр хъуыддаг куы бамбæрста, уæд ын иуæй æхсызгон уыд,— фондз чызгæй æрмæст уый фæцыд Астемыры зæрдæмæ. Иннæмæй та йын зын уыд — ца- вæр тагъд у, æххæст уый дæр Астемырау фæуа каст институт, æмæ уæд рæвдздæр уыдзæн... Цард вазыгджын у, хъулон-мулон. Хъавæгæй цæвæг фæраздæр, ис, куыд фæзæгъынц, афтæ рауадис Кæли- мæты хъуыддаг дæр. Бауарзта Астемыры, тынг æй фæн-- дыд уымæ смой кæнын, фæлæ йæ хъул кæд цыфæнды уылдтытæ кодта, уæддæр ын> сах нæ абадт.- Хадизæт кæд æфсæрмы кодта Кæлимæтæй, уæддæр йæхи зæрдæ* йе ’вдисæн, галиуæй йыл никуы рацыд. Табуафси, смой кæнæд Астемырмæ, кæд æй куры, уæд... Хадизæтæн Нинæ, Заретæ æмæ Азæ уайдзæфтæ- 1&
жодтой, Астемырыл нæ цæмæн ивыс, зæгъгæ, мой кæ- ныныл сразы ис, уый куы бамбæрстой, уæд: — Уый дæ институтмæ цыд у? — Иæхæдæг Кæлимæтыл худт. — Бастъæлат, ныр цытæ дзурут? Чи уын загъта, • æз институтмæ нал цæуын, зæгъгæ,— тæргайхуызæй зæгъы Хадизæт. — Иугæр чындзы куы ацæуай, уæд ма дæ институт- мæ та кæцырдыгæй равдæлдзæн? Исчи чындз уымæн хæссы æмæ йæ институмæ барвита? — Æз -цы Астемыры базыдтон, уый дæ иунæгæй нæ рауадздзæн горæтмæ. Йæхи та йын скъолайы директо- рæй æрвитынц, зæгъгæ, фехъуыстон,— йæ ныхас бап- пæрста Заретæ. — Директор нæ, фæлæ йæ кæд районы хицау кæ- нынц, уæддæр æз, цалынмæ институт фæуон, уæдмæ нæ ныууадздзынæн,— загъта фидарæй Хадизæт. — Кæй зæгъын æй хъæуы, искуы исты уыдзæн. Уæ- дæ Астемыры хуызæн æххæст лæппу æнахуыргонд уси- мæ дæр куыд фæцæрдзæн цæрæнбопты? — Бæгуыдæр, Заретæ,— бафиппайдта Нинæ. Уатмæ æрбахызт Кæлимæт. Чызджытæ сæ ныхас фæ- уагътой æмæ æндæр койтыл фесты. Кæлимæт сæ фем- бæрста, фæлæ ницы сдзырдта. Фæндыр райста æмæ хъа- рæггæнæгау «Дыууæ хойы» цагъд райдыдта. Фæнды- рæй цæгъдынмæ та æмбисонды дæсны уыд. Хадизæт иæхи нал баурæдта æмæ хæлæггæнæгау афтæ: — Тæхуды, Кæлнмæт, дæ къухтæ мæныл куы уаик- кой!.. — Мæ къухтæ дæр ма дæу куы уаиккой æххæст. Æмæ дын уæд мæхæдæг ницæмæн сбæздзынæн? — æл- ^сыскъгæнæгау сдзырдта Кæлимæт. — Цæуылнæ сын сбæздзынæ, — ныхас хъазыныр- лæм здахгæйæ дзуры Заретæ æмæ хæстæгдæр балæу- уыд Кæлимæтмæ,— къæхтæхсæг сæ хъæудзæн. Æз къæхтæ ’хсын нæ зонын. Нæ мад мæ нæ са-
хуыр кодта,— Заретæйы хъазæн ныхас нæ бамбаргæйæ фæрæвдз Кæлимæт. Хадизæт æмбæрста Кæлимæты зæрдæйы уаг, фæлæ йæхи ницæмæй аххосджын хуыдта. Йæхи зæрдæ йе ’вдисæн Кæлимæтæн, Астемыры иууылдзер уыйырдæм арæзтой. Ныр дæр ын дæлгоммæхуызы ницы загъта.» Æцæгæй дæр æм хæлæг кодта, стæй фыццаг хатт нæ. Æмæ ныр, Кæлимæты мауал къахут, зæгъгæ, ныхас| иннæрдæм куыд фæцæйздæхта Хадизæт, афтæ уаты дуар æрбахостæуыд. «Мидæмæ»,— адзырдта Заретæ. Уатмæ æрбахызт Мурат. Чызджытæ йыл бацин кодтой. Кæлимæты цыма ис- чи ивгæ æрбакодта,— бынтон æндæр фестад йæ ныха- сы хъæд. Астемырæй ницы рауад, уæд та Мурат... Дзыхъхъы не ’рлæудзæн уый дæр. Иæ конд, йæ уынд цæмæй цауддæр сты Астемыры конд æмæ уындæй? Фæ- лæМурат цæуыныл ныллæууыд, нæ мæ ’вдæлы, зæгъгæ. — Уæууа, цавæр цыд у?.. — Нæ мæ ’вдæлы, нæ, Кæлимæт, æцæг. Бахатыр кæнут, чызджытæ, хорз уал байрайут.— Араст дуармæ Мурат.— Кæд уын хъыг нæ уыдзæн, уæд Хадизæты ме- мæ хонын. - Чызджытæ æмдзыхæй загътой Кæлимæтæй фæстæ- мæ: — Ацæуæд, ацæуæд. Мурат дуарæй ахызт худгæ, йæ фæстæ Хадизæт дæр. ...Астемыр йæ хо Фаткаимæ театры раз æнхъæлмæ каст Мурат æмæ Хадизæтмæ. Уыцы изæр театры цыд Тотраты Бесæйы пьесæ «Фæдис». Астемыр æй уыйраз- мæ федта, фæлæ ныр Фатка, «Хадизæты мын фенын кæн», зæгъгæ, кæй ныллæууыд, уымæ гæсгæ йæм цæуы дыккаг хатт... Фатка бирæ хистæр уыд æфсымæрæй, моймæдзыд. Сæ иунæг æфсымæр йæхицæн къайæн кæй саккаг код- та, уый фенынмæ тынг бæллыд. Астемырæн ма хотæ ноджыдæр уыдис, фæлæ йæ 21
Фатка уæлдай уарзт, кодта, æмæ Хадизæты кой йæ хъус- тыл куы æрцыд, уæд йæ феныны мондагæй йæхицæн бынат нал ардта. Сæрмагонд абон уый тыххæй ссыд хъæуæй. ...Мурат Хадизæтимæ æмдзæрæнæй куы рахызт, уæд ын бамбарын кодта, кæдæм цæуынц, уый, æмæ чызг нæцæуыныл ныллæууыд, худинаг у, зæгъгæ. — Цы мæ схондзæн ацыхуызæнæй? — дзырдта чызг лæгъстæгæнæгау.— Ныууадз мæ... — Цытæ дзурыс, æнæ цæугæ дын ис? — Хæрзаг ма зæгъа, куынæуал лæууы иу ран ны- ридæгæн, уæд уагæр... — Ныууадз, ныууадз ахæм ныхæстæ.— Нал æй суагъта дзурын Мурат.— Дæу базоныны тыххæй Фатка хъæуæй фæцыд, уый зоныс? Æмæ æмдзæрæнмæ куы бацæуа, уæд уый аивдæр уыдзæн. ахъуыды-ма кæн дзæбæх? Цом, кæынод байрæджы кæндзыстæм спектак-' лы райдианмæ. Хадизæт куы бамбæрста, æнæ цæугæ нæй, нæ йæ ныууадздзæн Мурат, уый, уæд ницыуал сдзырдта, æмæ араст сты. Дзæвгар ауадысты Терчы галиу фарс уын- джы дæлæмæ, æмæ къаххидыл куыд фæцæйхызтысты доны сæрты, афтæ та Хадизæт ныллæууыд. — Цы ма у? — афарста йæ Мурат. — Нæ зонын, фæлæ уæд та ме ’мбæлттæй искæй ра- кæнын хъуыд... Æмбисонд мæ фæкæндзысты... — Уартæ æрбацæуынц,— йæ къухæй аивæй ацамыд- та Фатка. Астемыр дæр сæ цыма нæ федта уыйразмæ, уыйау йæ цæст ахаста. —Р1æ ас æмæ уал дын йæ гуырыконд, йæ къахайст мæ зæрдæмæ цæуынц. Астемыр ницы сдзырдта. Æрмæст йæ зæрдæ тынГ- дæр сгуыпп-гуыпп кодта — Хадизæты фенды цинмæ ма бафтыд Фаткайы æппæлæн ныхас. Хадизæт йæ къæхтæ ныссагъта, Астемыры цур æнæ- 22
зонгæ сылгоймаг — Фаткайы куы ауыдта, уæд. Фы- рæфсæрмæй зæххы скъуыды куы ныххаудаид уыцы ми- нут, уæд ын æнцодæр уыдаид, æвæццæгæн: — Нæ бацæудзынæн уырдæм, цы мæ схондзæнис Ас- темыры хо? — Р1арæби, сырды мыггаг дæ æви адæймаг дæ? Ны- хъуыргæ дæ акæндзæн Фатка?.. Адæймаг никуы ничи федта? — дзырдта Мурат тыхстхуызæй. — Сырды мыггаг дæр нæ дæн, уæй кæнинаг дæр. Цы мæ рауын-бауын кæнынц?.. — Омæ дæ чи уæй кæны, кæнæ дæ чи ’лхæны. Асте- мыры хойæн йæ зæрдæ нал фæлæууыд фырцинæй. Иу- нæг æфсымæр йедтæмæ сын нæй, уый куы зоныс... , Цалынмæ Мурат æмæ Хадизæт ныхæстæ кодтой, уæдмæ Астемыр æмæ Фатка сæ уæлхъус алæууыдысты. — Мурат, цыма де ’мхæрæфырты фыццаг хатт фед- тай,— уайдзæфгæнæгау бакодта Фатка. Астемыр ницы дзырдта. — Ау, æмæ нæхи горæты кæцы ран æрлæууæм, уый дæр та нæхи бар нал у, исты уазæгуаты стæм? — бафип- пайдта Мурат. — Хадизæт, æри-ма, мæ къона, дæ къух, æз дзæгъæл гæды æфсæрмытæ нæ уарзын.— Æнæ айтæ-уыйтæ Фат- ка бадаргъ кодта йæ къух.— Зæрдæйæ кæрæдзи куыд уарзæм, æмæ кæрæдзийæн кæддæриддæр аргъгæнæг куыд уæм, уыцы арфæ тымбылхъæды дзуар ракæнæд. Хадизæт ын уый зæгъын æнхъæл нæ уыд, Фаткайы æргом иыхас æй цавддурау фæкодта, ныссырх. Астемыр æмæ Фаткамæ кæсын æфсæрмы кодта. Фатка бамбæрста чызджы уавæр: — Ацæут, мæ къонатæ, театрмæ, æз уæ нал хъыг- дарын,— сдзырдта æмæ цæуыныл фæци. Хадизæт Муратмæ аивæй бадзырдта. — Кæдæм æй уадзут афтæмæй, худинаг у... Ма йæ ауадзут... — Фатка, фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй, кæд театрмæ 23
цæуæм, уæд иумæ, науæд мах дæр нæ цæуæм.— Фæ^ рæвдз Мурат. — Ныр цытæ кæныс, кæдæм цæуынмæ хъавыс? — зæгъы Астемыр дæр æфсæрмдзастæй. — Цæут, цæут уæхæдæг, æз уын хъыгдарыны хос йедтæмæ пицы дæи. 5 Зæронд хъæутæй нæу Фиййаджыбыл. Йæ асмæ гæс- гæ йын егъау схонæн дæр нæй. Йæ цæрджыты нымæц авдыссæдз хæдзарæй уæлдæр никуы схызт. Фæлæ йæ зæхх æмæ йæ бынатмæ гæсгæ цæрынмæ — æмбисонды хорз. Хъæуы цыппар уынгæй иу гæрзæй-гæрзмæ цæуы Фиййаджыдоны былты. Донæй уынджы астæу кæрæй- кæронмæ цы зæххы фæтæн уадздзаг баззад, уый цæры- нæй-хæрынмæ хуымгонд никуы уыд. Æмæ-иу дзы раг- уалдзæгæй суанг æрæгвæззæгмæ нæуу цъæх-цъæхид дардта. Хъæуы цæрджытæ кæрæдзи хорз зыдтой, Тынг хæла- рæй цардысты. Иугæр сæ искæмæ æрбафтыд уазæг, уæд- иу сыхæгтæ сæхицæн ахсджиаг хæсыл нымадтой уый сæ- химæ æрбахонын, уый сбуц кæнын. Суаыг ма хæдзарæй- хæдзармæ дæр уазæджы хай æрвыстой. ...Уыцы хъæуы, раст доны был цы уынг ис, уым рай- гуырд Астемыр. Ам арвыста йæ сывæллоны бонтæ, фæ- цис скъола каст. Уым цардысты æмæ куыстой колхозы йæ ныййарджытæ Дзæдзæ æмæ Госæ, сæ дыууæ кæстæр чызджы æмæ сæ зæнæджы хистæр Верайы лæппу, сæ цин, сæ цума Тамуимæ, Дзæдзæ сыхы дæр, æгас хъæуы дæр нымад уыд сæ кадджындæр æмæ дзырддзæугæдæр хистæрыл. Æфсарм æмæ æгъдауæвдисæг уыдысты йæ алы хъуыды, йæ алы къахдзæф, йæ алы сныхас дæр. Дыууæ-æртæ нуазæнæй фылдæр нæ иста йæ къухмæ 24
нæ йæхи хæдзары, нæ уазæгуаты. Уазæгæн нозтæй тых никуы кодта. Нæ уарзта цæстмæ ми, гæдыныхасгæнæгæй та уыдта йе сæфт. Кæстæр, кæнæ дзы-иу сылгоймаг æфсæрмы - кæны, уый бамбæрста, уæд-иу йæхæдæг фефсæрмы, æмæ-иу сæ йæхи нæуынæг скодта, «æфсæрмдзинад æфсармæй фи- дауы», зæгъгæ. Рæстæмбис асæй бæрзонддæр, уæнг- джынтæ, фæтæнрихи, чысыл боцъо, гæзæмæ халас, кар- джын. Астемыры мад Госæ, «лæг æмæ ус, фæрæты хъæдæй барст» куыд фæзæгъынц, раст афтæ рауад Дзæдзæимæ. Уæздан, хæдæфсарм, уазæгуарзаг æмæ кæрдзындæттон. Йе ’гъдауы хай сыхы нæ, фæлæ æгас хъæуы дæр кæмæ нæ хæццæ кодта, ахæм хæдзар нæ уыд. Иудадзыгдæр змæлгæ кодта: æхсæвыцæстæй-иу бинонтæн сегасы ра- зæй рабадт хæдзары зылдтытæ кæнынмæ, æппæты фæс- тæ та-иу хуыссæн бацагуырдта. Мад æмæ фыды, уæдæ хоты дæр куыннæ, рагæй фæндыд, сæ иунæгæн бинонты хъуыддаг куы бакодтаик- кой, уый. Фæлæ сын Астемыр къæрттæй цъула не ’ппæрста. Дзырдта: «Цалынмæ институт фæуон каст, уæдмæ мын ахæм хъуыддаджы кой кæнгæ дæр мачи кæнæд». Ныр бинонтæ куы бамбæрстой Астемыры фæнд — рагæй кæмæ бæллыдысты, уыцы хорздзинад — уæд ма сæ цинæн кæрон кæм уыдис. Уæлдай циндæр та Таму кодта, куы базыдта, Хадизæт райдиан кълæсты ахуыр- гæнæг у, уый, уæд. Ауалдзæджы æртæ къласы каст фæ- ци. Йе ’мбæлттæн дæр ма æппæлыд: «Мах чындз хæс- сæм, æмæ нын уый уыдзæн ахуыргæнæг...» Фриаты циндзинады хабар æнæхъæн хъæуыл ай- хъуыст. Æмæ йæ кæд сæхæдæг нæма хъæр кодтой, ныр- ма фидыд нæма уыдысты, уæддæр сæм алырдыгæй ар- фæтæм уадысты. Тынг æхсызгон уыд алкæмæн дæр. Уы- мæн æмæ Дзæдзæ æмæ Госæ сæхæдæг дæр алкæйы хорз- дзинадыл цин кодтой, се ’гъдау кодтой алыранмæ дæр. 25
=— Æтт-æтт, Хæдарцон! — йуахæмы бадзырдта Дзæ- дзæ йæ усмæ, фæсахсæвæр бинонты фæстæ бадгæ куы баззадысты, уæд.—Дæ хъару æмæ дæхæдæг. Цæрæн- бонты кæмæ бæллыдыстæм, нæ былыцъæрттæ кæмæ хордтам, уый æрбацæуы. Табу стыр хуыцауæн!.. — Мæ уд сæ фæхъхъау, æмæ Лæгтыдзуары уазæг уæнт.— Госæ нал суагъта дзурын йæ лæджы.— Кæдæй- уæдæй мах кæрты дуарæй дæр чындз æрбакъахдзæф кæндзæн — амондджын къах æрбавæра. Ау, æмæ уый фаг рæсугъддзинад æмæ хуызæн æгъдау скæнын мæ бон куы нæ бауа, уæд гæныстон фæуон. Дзæдзæ æмæ Госæйыл фæсахсæвæр нæ, фæлæ фæ- сæмбисæхсæв ссис. Бирæ ратæрхон-батæрхоны фæстæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджыны дæр сбæрæг кодтой: Беслæн — лæппуйы мадырвадæлтæй, стæй сæхи ’рвад Хъауырбег. Хуызисæг — сæ уарзондæр хæрæфырттæй иу — Тоти. Сусæны мæйтæ сæ тæмæны бацыдысты. Колхозонтæ нартхоры хуымтæ рывд фесты, мæнæу кæрдынмæ нæ- ма бавнæлдтой. Кæхцгæнæнты рæстæг ралæууыд. ...Бæрæгбоны фæстæ фыццаг хуыцаубон Дзæдзæйы хæдзары уыдис нæргæ чындзæхсæв — Елхотæй схастой Хадизæты. Зард æмæ худт, хъæлдзæг ныхас æмæ фæн- дыры цагъды мыртæ уæларвмæ хъуыстысты. Сæ хæс- тæджытæй иунæг къахылдзог дæр нæ баззад рохуаты. Уæдæ хъæуы цæрджытæ дæр хистæрæй, кæстæрæй, сьгл- гоймагæй, нæлгоймагæй — уым уыдысты. Уайтагъд хъæуыл айхъуыст Фриаты ног чындзы хор- зы кой.' Уый уæлдай æхсызгондæр уыдис хæдзары хис- тæртæн — Дзæдзæ æмæ Госæйæн, фæлæ уæлæмæ ницы дзырдтой. Ноджы зæрдиагдæрæй архайдтой сæ чындзы кадæн фылдæр æгъдæуттæ дæттыныл. Дыууæ къуырийæ фылдæр рацыд, Хадизæты Фриа- тæм куы ’рбачындз кодтой, уæдæй, фæлæ йæм афтæ? кæсы, цыма дыууæ-æртæ бонæй фылдæр нæма ис уыцы хæдзары. Астемыримæ сæ кæрæдзийы цинæй нæма баф- 26
сæстысты. Сæ зæгъинæгтæн сæ фондзыссæдзæм хай дæр нæма фесты дзырд. Уæвгæ, афтæмæй дæр дыууæ æрыгон цардбæллон зæрдæйы хорз æмбæрстой кæрæ- дзийы. Зæрдæты цы уарзондзинады арт сыгъд, уый тæвдæй сæ туг фыхт, фæлæ судзгæ нæ кодта. Никуы бамбæрстой, цафон-иу бафынæй сты, уый. Уæддæр-иу райсомæй раджы, кæртæй куы ’рбайхъуыст Дзæдзæйы хуыфын, уæд-иу фестадысты. ...Институтмæ бацæуыны фæлварæнтæ сæ тæккæ тæ- мæны бацыдысты, Хадизæтæн та йæ гæххæттытæ дæр не ’рцыдысты уырдæм лæвæрд. Астемыр та æнхъæлмæ каст, Сырх æфсады рæнхъытæм æм куы фæсидой, уымæ. Ку- сынмæ æрвыст уыд Нартыхъæуы астæуыккаг скъоламæ физикæйы ахуыргæнæгæй. Æмæ ма кæд ахуыры азы райдианмæ бонтæ уыд, уæддæр алы райсом дæр цыд скъоламæ. Фиййаджыбылæй Нартыхъæуы астæу дыу- уæ-æртæ километрæй къаддæр нæй. Фæлæ уæддæр тагъд кодта алы райсом дæр йæ куыстмæ. Иугæр, Хадизæтæн институтæй ницыуал рауад, уый куы бамбæрста, уæд ын сæхи хъæуы ахуыргæнæджы бынат скодта райдиан кълæсты. Таму уый фехъуыста цы—йæ цинæн бынтон нал уыд кæрон. Иæ бæллиц сæххæст. ...Ралæууыд ахуыры аз скъолаты, райдыдтой уроктæ дæттын Астемыр æмæ Хадизæт дæр. Хæдзары хистæртæ разы уыдысты сæ чындзæй. Цы- дысты бонтæ, къуыритæ. Амонды хур уæлдай тынгдæр тавта Фриаты бинонты. Цæрæнбонты кæмæ бæллыдыс- ты, уыцы циндзинад сын сæ бирæ зынтæ ферох кæнын кодта. Æрмæст октябры фæстаг бонтæй иуы Астемыр куыс- тæй куы сыздæхт, уæд Хадизæтмæ иннæ бонтæй хъау- джыдæр цыдæрхуызон фæкаст, фæлæ йæ бафæрсын нæ уæндыд — æфсæрмы кодта. Зæрдæйы тæссад цæсгомыл фæзынд, æмæ йæ Астемыр йæхæдæг афарста: — Цы кæныс, Хади, цыдæр фæлурсхуыз куы дæ? - 27
— Æз ницы кæнын, фæлæ мæм ды иннæ бонтау нæ кæсыс ацы изæр. Цыдæрхуызон дæ... Астемыр ныххудт. — Æвзæр психолог дæ нæ рауайдзæн, куыд дæм кæсын, афтæмæй. — Цы хабар у, Асте, дæ куысты дæ бафхæрдæуыд? — Æмæ мæм хъуамæ цавæр маст æрхауа? — Омæ уæдæ цы кæныс, дæхи хуызæн куы нæ дæ? — Уæдæ дæм нæ сыхæгтæй искæйы хуызæн кæсын? Хадизæт бынтондæр сгуырысхо. — Уæд та Елхотæй исты хабар фехъуыстай? —Йарæбын æллæх, ницы фехъуыстон Елхотæй дæр, •ницы маст ис мæ зæрдæйы. — Мауал мæ удхарæй мар... Æгæр-æгæр куы кодта Хадизæт, уæд ма Астемырæн цы гæнæн уыд, æмæ рæвдауæгау райдыдта: — Хорз, хорз. Хади, басабыр у. Уа-диссагæй ницы æрцыд. Æрмæст, куы дын æй дзырдтон, æфсадмæ си- дын райдыдтой мæ хуызæттæм, зæгъгæ. Мæнмæ дæр сидынц, æмæ уын æй куыд зæгъон, зæгъгæ, ууыл са- гъæс кодтон мæхинымæр. Ды та йæ цæмæй базыдтай, нæ зонын... Хадизæт нал ахъуыды кодта, сæ уаты дуар гом у, ууыл, афтæмæй Астемыры æфцæгыл атыхст, цыма уый ныртæккæ раст кодта æфсадмæ æмæ йæ ауадзинаг нæ уыд, уыйау. — Æмæ уæд æз та, Асте? — Дæумæ дæр куы фæсидой, уæд — табуафси, ды дæр ацæудзынæ.Æфсады сылгоймæгтæ дæр хъæуы,— хъазгæмхасæн ныхас кæны Астемыр, Хадизæты цæсты- тæм комкоммæ ныккаст, афтæмæй. — Нæ, нæ, Асте, уымæн гæнæн нæй,— дзырдта Ха- дизæт, йæ сæр Астемыры риуыл æвæрд, афтæмæй. — Хади, басабыр у. Ды афтæ куы кæнай, уæд ма хис- тæртæ та цы хъуамæ кæной? Æз мæ зæрдæ дæуыл куы дарын. 28
Дыууæ боны фæстæ Астемыр Сырх æфсады рæнхъы- тæм ацыд службæ кæнынмæ. а ...Уыцы бон Хадизæт цыдæр æнахуыр уыдис йæ* куысты. Ныр цал азы кусы, кæддæр йæхæдæг цы учи- лищейы ахуыр кодта, уым, æвзаг æмæ литературæйьи ахуыргæнæгæй, æмæ ахæм уæнгмард, æдзæллагхуыз ни- куыма уыд. Куыд æмбæлы, афтæ нæ бацæттæ кодта* йæхи уроктæм — йæ фырты балцы ацыдæй йæ сæрмæ. ницы цыд. Иннæмæй — æнæхуыссæг. Дзетта дæр — æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæ- нæг — йæхи нал баурæдта æмæ тæригъæдгæнæгау аф- тæ: — Хади, цыдæрхуызон дæ ацы бон. Цыма дæ че- мы нæ дæ, афтæ мæм кæсы. — Мæхи зæрдæмæ дæр нæ цæуын...— æнæбæрæ^ дзуапп радта Хадизæт. — Кæд нæфæразгæ дæ?.. — Рисгæ мæ бæргæ ницы кæны, фæлæ раст фæхтц хосты хуызæн дæн. Куы дын æй дзырдтон:—Бубу Ба-„ кумæ ацыд. Æмæ мæхицæн бынат нал ардтон иунæгæй. Катяйы дæр ма нал ауагътон сæхимæ цæуын... Мæ цæс-.. тытыл алы нывтæ уадысты, фæлæ хуыссæг—абабау. — Уæ, бастъæлай! Æмæ дын æй цалдæр азы æм~. гъуыдæй æфсадмæ куы акæной, уæд та цы кæндзынæ? — Æфсады уæвгæйæ йын нæ тæрсдзынæн. Бæстæ, сабыр у. Фæуæд уал мын институт, уыййедтæмæ йын æз; чындз æрдавдзынæн дыккаг бон. — Дæ къуди дын чи хойа, ахæм? — Уымæй мын ма тæрс, Дзетта. Мæнæн мæхи чыз-. джы хуызæн уыдзæн. — Афтæ куы уаид, бæргæ, Хади, фæлæ... — Фæлæ искуы-иу æдзæсгомы кой кæньщ дæр^ нæ хъæуы. 29
Уыды ныхæстæй Хадизæты<,зæрдæмæ кæцæйдæр ;хур ^ербакаст, йæ уæнгтæ цæмæдæр гæсгæ, фæрогдæр сты, йæ ныхас фæхъæлдзæгдæр. Афтæ йæм фæкаст æцæг- .дæр, цыма йæ фыртæн чындз æрхаста æмæ цæрынцк куыд фæзæгъынц: «а» аемæ «о»-йæ. Кæрæдзиуыл æр- хъæцмæ нæ хъæцынц. Йæ фырт балцы ис, уый æмбаргæ .дæр нæ кæны. Буц, .сæрыстыр у йæкæстæрты амондæй... ,, Фæлæ йæ зæрдæйы уыцы амонддæттæг æнкъар^нтæ бцрæ нæ афæстиат сты. Фæскуыст сæхимæ дуы ’рбаз- .дæхт, уæд дуæрттæ — æхгæд, æнкъард, æдзæрæг хæдза- рау.фатеры цъиуызмæлæг дæр нæ уыд. Æмæ та фæс-. тæмæ йæ зæрдæ бауазал.— Иæхи цы фæкодтаид, уымæн -ницьгзыдта, ... - ■, , ,Тыргъмæ куы бахызт, уæд йæ къахыдарæс, аивта уатыдарæн дзабыртæй, бакаст хуыссæнуаты дуарæй, стæй комкоммæ бараст стыр уатмæ. Алæууыд, аракæс- бакæс кодта алырдæм, арф ныуулæфыд æмæ йæхи ди- ваныл æруагъта. Абадт, стæй сыстад æмæ та фæстæмæ тыргъмæ рахызт. Газеттæ райста, рафæлдæхтытæ сæ кодта, цыма дзы исты агуырдта, уыйау, Сæ( астæуæй „æнæнх^ьæлæджы къонверт рахауд. Хадизæтæн йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Æцæг фырцинæй, æви фырдисæй',' уый йæхæдæг дæр нæ (бамбæрста. Бубу знон куы ацыд,, уæд афтæ тагъд куыд æрб,ахæццæ уыдаид йæ.писмо Бакуйæ? Æндæр искæмæй райса писмо, уымæ дæрæн- хъæлмæнæ каст,( Æдзынæг ныккаст ;къонвертмæ,— ад- рис Бубулайы .къухæй фыст нæ уыд, уый .бамбæрста. Райхæлдтæ. йæ. Йæ хуылфы разынд Республикон Æф- -сæддон, комиссарадæй хуынды гæххæтт. Уый • бакæсгæ- йæ Хадизæты зæрдæ ноджы тынгдæр сгуыпп-гуыпп кодта, ай цы хъуамæ ,уа, зæгъгæ. Иæ зæрдæ адзæгъæл- тæалырдæм. Астемыр хæсты кæй фæмард, уый.тыххæй йын фатер дæр ма куы радтой. Уæдæ цы хъуамæ уа? Хадизæты хуызæн идæдз сылгоймæгтæ иу æмæ дыууæ нæй. Бубулайæн цыдæр капеччытæ фидынц æмæ уыдон дæр чысыл не сты. Бирæ ис ахæм сидзæртæ, йæ фыды 30
рæвдыд нæ, фæлæ ма йæ суанг хуызæй дæр.чи нæ зоньП Уæдæ цы хъуамæ уа уæд, цы хъуыддагæн сæ бахъуыд- тæн, куы ницы фыссынц æппын уый тыххæй... Иæ зæрдыл æрбалæууыд, цалдæр азы размæ цы æв- зæр хабар фехъуыста, уый, æмæ бынтондæрйе уæнгтæ æрызгъæлдысты, афтæмæй æрбадт диваныл. «Ау?.. Нæг уымæн нæй гæнæн!..»—ныхъхъæр кæцынмæ хъавыд йæ хъæлæсыдзаг, фæлæ йæ бон нæ баци. Йæ сур хид акалд,, цæстытæ атартæ сты, æмæ бауадЗыг... Хабар та уыд ахæм: ...Иу сылгоймагæн йæ лæг хæстæй нæ сыздæхт, сау гæххæтт æм никуыцæй балæвæрдæуыд. Хæст куы бан- цад, уæд æххуысагур зилын райдыдта хицауадыл: «Мæ* дарæг, мæ сæрыхицау хæстæйнал раздæхт. Мæдыууæ* сывæллоны цæмæй дарон, уый ’ мын нæй». Æфсæддон; комиссарад райста хъуыддаг йæхимæ æмæ; райдыдта агурын сылгоймагæн йæ лæджы. Лæг нæ разынд нæ- дæр, Фыдыбæстæйы хæсты чи фæмард^ уыдоны номхыгъ- ды, нæдæр æгæстимæ. Фесæфт æнæбæрæгæй. Æмæ, кæщ зæгъын æй хъæуы, æгъатыр хæсты арты иу æмæ дыу- уæйы зынг нæ бахуыссыд. Фæлæ дзы бирæтæ не сбæ-- рæг сты, кæм æмæ куыдæй. Гъемæ иугæр лæг æнæбæрæ-- гæй фесæфт, уæд мард у, зæгъгæ, сылгоймаджы сывæл-- лæттæн паддзахадæй рацыд æххуыс. Суанг фатер рат-- тыны онг. - <1 Ууыл иукъорд азы рацыд. Адæмы зæрдæты тугахст- хъæдгæмттæ æгас кæнын райдыдтой. Цард та йæ джип- пы^бадын байдыдта, афтæ иубон сылгоймагмæ бадзырд-. той Æфсæддон комиссарадмæ æмæ йын цыбырæй загъ- той: «Хорз ус, дæ сывæллæтты фыд Райгуырæн бæстæ^ хъахъхъæнгæйæ фæмард, зæгъгæ, дын паддзахадæй цы- ^ххуыс лæвæрд уыд, уый абонæй фæстæмæ нал исдзы- нæ. Уымæн æмæ куыд сбæрæг, афтæмæй мард-нæу., фыдыбæстæ хъахъхъæныны сæраппонд æнæбары адзал’- Раисыны бæсты ацыд гадзрахаты фæндагыл- Цæрьг ныгуылæн Германы...» ЗП
Уыцы ныхæсты фæстæ пъол куыннæ ныттыдта сыл- тоймагæн йæ къæхты бын. Куыннæ аирвæзт зæххы скъуыды. Куыннæ йыл баталынг дуне. Цы зæгъдзæн ныр йæ сывæллæттæн?.. * ...Мад æмæ сывæллæттæ паддзахадæй æххуысдзинад нал исдзысты, уый дæр сын куыннæ уыдаид зын. Фæлæ сæ дарæг, сæ уарзон фыд, сæрыстыр кæм&й уыдысты, уый гадзрахатæйцæуæг разынæд. Сывæллæттæ уыцы .худинагæн куыд бафæраздзысты? Кæй фæрстæ бауром- дзысты ахæм маст? Худинаджы бæсты мæлæт куы баз- зад фыдæлтæй... Уæ, æлгъыст фæуа æгаддзинады рав- зæрæн, дæлдæр ныххау мæрдты дæр, йæ фæстæ худинаг чи тауы!.. ...Хадизæт иуафон йæхи æрæмбæрста, / фæлæ æд дзаумæттæй диваныл цæмæн хуыссыд, ууыл дисы ба- цыд. Куыдфæстæмæ йæ уд бынтондæр йæ мидæг æрцыд, æмæ йæ зæрдыл æрлæууыд къонверт. Къæхты бынæй арф ныуулæфыд æмæ та ноджы „хъæрдæрæй сдзырдта: — Никуы уыдзæн уый, æмæ Асте, мады ’хсыры ад ды зæххыл бамбæрста, ууыл гадзрахатæй рацæуа... Уыцы ныхæстæм йæ зæрдæмæ кæцæйдæр рухсы цъыртт æрбакаст, рог дымгæйау. Иæ риуы æмбæрц æн- цонæй сулæфыд... Фæкомкоммæ къулмæ, йæ лæг æмæ нæ фырты къамтæм. Астемыр хистæр лейтенанты дарæ- сы, йæ сæрыл фуражкæ, худæндзаст. Цыма исты æх- сызгон ныхас ракæнынмæ хъавы, æмæ йæ былтæ баз- мæлыдысты. Хадизæт дæр æм худы сдзуронхуызæй. Фæлæ цыма йæ хъустыл Астемыры хъæлæс ауад: «Ахæм гуырыс- хондзинад та куыд æрбауагътай дæ сæрмæ, æмæ æз сымахыл, мæ ныййарджыты зæххыл гадзрахатæй ра- цæуон?.. Ау, хорз мæ куы...» Астемыр сдзурындзастæй æгомыг каст кодта къа- мæй. Æдзухдæр æм куыд фæкæсы, афтæ. Хадизæт та ногæй бакаст лæппуйы къаммæ, фæлæ уый дæр ницы 32
дзырдта’. * Æрмæст йæ • цæстæнгасæй бамбарæн. уыд: «Уый цытæ хъуыды • кæныс, Хади? Асте дæ куы бам- бара, уæд ын хъыг уыдзæн...» Уынгæй æваст æрбайхъуыст артхуыссынгæнджыты машинæйы ниугæ ’хситт. Хадизæт фесхъиудта. Ф.æлæ йын уый æвдадзы хосы хуызæн фæци: йæ сæры цы алы- хуызон гуырысхо хъуыдытæ æвзæрд, уыдонæй иу дæр нал аззад. Йæ зæрдыл æрбалæууыд ивгъуыд цард. ...Мин фарастсæдæ цыппор фыццæгæм æз. Æрæгвæз- зæг. Астемыр цæфæй хуыссы Ессентукийы госпитальтæй иуы. Хадизæтæн кæд йæ зæрдæ рыст, кæд æй тынг’ фæндыд йæ фенын, уæддæр æфсæрмæй сдзурын ниць^ уæндыд йе ’фсин æмæ йæ хицауæй. Уæвгæ, мад æдоæ фыды зæрдæтæ Астемырмæ къаддæр не ’хсайдтой, сæ иуиæджы уавæрыл къаддæр нæ рыстысты. » Æфсин æмæ чындз иубон Ессентукийы балæууыдыс- ты Астемырмæ... Астемырыл фембæлд æнæ цæстысыгæц нæ рауад мад æмæ чындзæн. Иуæй — фырцинæй, иннæ- мæй — Астемыры цæфты рисæй. Æртæ боны фæстæ Госæ æмæ Хадизæт фæстæмæ, сыздæхтысты Фиййаджыбылмæ. Æмæ та райдыдтой Дзæдзæйы бинонтыл иинæ адæмау мигъбонтæ æмæ- мæйдар æхсæвтæ: хæсты æгъатыр пиллон арт цыренæй цырендæрæй сыгъд, бонæй бон фылдæр кодта зынгхуыс- тыты номхыгъд. Фриаты бицонты зæрдæйы рыст къаддæр нæ кодтаг кæд мад æмæ чындз сæхи цæстæй федтой Астемыры цзр- дæгасæй, уæддæр. Сæ райсом сау мигъæй тардæр уыд. Æгæр дæргъвæтин кодта хæст, æгæр арф æрбабырыд фыдызнаг.лæ бæстæмæ, æгæр уыд зæрдæйæн йæ маст, йæ рыст, сси нынкъуысынæввонг айнæг къæдзæх... Астемыр хорз æмбæрста рæстæджы уæз, хæсты &вирхъау, æгъатыр æгъдæуттæ æмæ адæймаджы хæс Æмбæрста, æнæбæрæг фидæнау кæй у адæймаджы ^ъысмæт, уый дæр. Æмæ йæ куыддæр рафыстой гос- ^италæй, фронтмæ ацæуын та дæ бон у, зæгъгæ, афтæу 2 Хадизæты амонд 33^
айтæ-уыйтæ нал акодта, афтæмæй æмбисæхсæвмæ æв- вахс Фиййаджыбылы балæууыд, йё ’мбал Петро Саен- коимæ. Уый уыд декабры фыццаг бонтæй иуы. Мад æмæ фыды цинæн кæм уыд кæрон, фæлæ Ха- дизæт, æвæццæгæн, уæдæй амондджындæр никуы уыд... Уыцы ’хсæв никæмæуал адзырдтой сыхæгтæй. Сæ цин никæимæ адих кодтой бинонтæ: æгæр æиафон уыд. Фæлæ Астемыр æмæ Хадизæт дыууæйæ иунæгæй куы ’баззадысты, уæд фырцинæй кæрæдзийы куыннæ аны- хъуырдтой. Бон сыл куы æрбарухс, уæд сæм стыр хъыг- зæрдæйæ афтæ фæкаст, цыма уыдоны фыдæнæн йæхи бааууон кодта æхсæвы тар æмæ хуры рухсæн афонæй раздæр радта йæхи равдисыны бар. Фырт æмæ чындз нæ бамбæрстой, Дзæдзæ æмæ Петро кусарт куыд акод- той æмæ йæ уæларт куыд бавæрдтой, уый. Суанг фæссихоры онг Дзæдзæйы хæдзар адæмæй йедзаг уыд. Астемыры тыххæй ахæм сидтытæ, ахæм ар- фæтæ кодтоп, æмæ йæ цыма хæстмæ цæуын иал хъуыд... Бон йæ бартæ нæма радта æхсæвæн, афтæ, поезд. æрбацæуы, зæгъгæ, Беслæны вагзалы цы бирæ адæм уыдис, уыдоы мыдыбындзытау базмæлыдысты. Сæ фылдæр бæлвырд нæ бамбæрстой, посзд Даргъкъохыр- дыгæй æви Грознайæ фæзындзæн, уый. Æмæ æдзынæ- гæй зыдкаст кодтон. Уалынмæ офф-офгæнгæ Грознайырдыгæй æрбазынд. Ноджы тынгдæр базмæлыдысты, Ростовырдæм цæуын кæй хъуыд, уыдон. Астемыр æмæ Петро дæр ратындзыд- топ поезды размæ. Сæ фæстæ — сæ фæидарастгæнджы- тæ. Хадизæт архайдта йæхи хъæлдзæг дарыиыл йе ’фси- ны раз. Фæлæ йæ зæрдæ йæ рпуы сау пиллои уагъта. Æхсæвы йæ уаты иунæгæй куы баззад Хадизæт (йæ хо- дыгъдтæ Беслæны сæ хæстæджытæм ныллæууыдысты), уæд иудзæвгар цавддурау абадт, стæй уæд цæстысыг фсмæхст. Кæцæйдæр куыдзы рæйын æрбайхъуыст. Ныу- уасыд кæмдæр фыццаг уасæг. Сæхи куыдз дæр срæйд- 34
та. Зæрдæйы туыпп-гуыпп ссыд, дæстысыг тынгдæр ныг- гæр-гæр кодта. Фæтарст Хадизæт. Афтæ йæм фæкаст цæмæндæр,- цъша æвзæр. хабархæссæг æрбацæуы æмæ ныртæккæ- кулдуар æрбахойдзæн... Иуафон Хадизæт сыстад. Алæууыд. Айхъуыста уынг- мæ, бал-къонмæ нæ рахызт, афтæмæй, стæй араст хуыс- сæнуатмæ æмæ йæхи æруагъта. Йæ хъуыдыты бар, йæ сæнтты ’вджйд та баззад иунæгæй. 7 ...Хадизæт кæд тынг хорз зыдта, экскурсион поезд Бакуйæ цафон æрбаздæхдзæн, уый, уæддæр вагзалмæ æнæхъæн сахаты бæрц раздæр æрбацыд. Æрбацыд, фæ- лæ цы куса, йæхи цы фæкæна? Йæ алыварс змæлæг адæмæй иу зонгæйыл нæ сæмбæлд. Вагзалы æнхъæл-* мæгæсæн залы цы чиигуытæуæйгæнæн киоск уыд, уый цурмæ бацыд, фæкаст чингуыты сæргæндтæм, иу дзы систа стъолæй, фæрафæлдах-бафæлдах æй кодта, цы- дæртæ-иу. дзы акаст, афтæмæй. Стæй йæ балхæдта. Ра- цыд иуварс æмæ бандоныл æрбадт. — Уæртæ сыл, ирон нæ дæ? Беслæнмæ цæуыс, цы? Цымæ поезд кæд уыдзæн? — бадзырдта Хадизæтмæ æн- дæр бадæнæй сыстгæйæ ныллæггомау къæсхуыртæарæзт ацæргæ сылгоймаг, чысыл лæппуйы къухыл хæцыдис, афтæмæд, Хадйзæт фестад æмæ йæ размæ бацыд. — Æз Беслæнмæ нæ цæуын, кæмæдæр æнхъæлмæ кæсын, фæлæ ныртæккæ базондзыстæм, поезд кæд уы~ дзæн уырдæм, уый. — О, о, дæ рып бахæрон, базон-ма йæ. Сылгоймæгтæ бацыдысты, билеттæ кæм уæй кодтой^ уырдæм. — Беслæнмæ поезд уыдзæн нудæс минуты фæстæ. Æмæ уæм билет ис? - 35
— Балет, дæ фæхъхъау фæуон, вагоиы дæр фæдæт- тынц. Стæй... Хадизæт нал айхъуыста зæронд усы фæстаг ныхас. Баздæхт кассæйы рудзынгмæ, балæвæрдта æхца, райс- та билет æмæ йæ радта зæрондмæ. — Мæнæ дын билет, вагоны куы нæ уæй кæной, мий- йаг. — Цæмæн бафыстай æхца, билеты фаг мæхимæ дæр ис...— йæ къухтыхæцъилы кæроны æлхынцъ ха- лыныл фæцис зæронд ус.— Дæ рынтæ бахæра нана, уæд та мын, кæй чындз" дæ, уый зæгъ. Майдыма мын хиои дæ. — Елхотаг чызг дæн, фæлæ Фиййаджыбылы Фриа- тæм зæронд кæиын,—æфсæрмыгæнгæйæ дзуапп радта Хадизæт. — Æз та, мæ къона, Сапахъотæм базæронд дæн, Хуссар Иры. Ныр куынæуал бæззын, уæд Бсслæимæ ра- лыгъдыстæм нæ кæстæр лæппуимæ. Мæнæ Ловæ дæр — ацамыдта сывæллонмæ — уый зæнæгæй у. Дыууæ лæп- пуйы æмæ чызг та ма дзы нæхимæ ис. Дæуæн та цытæ ис, дæ фæхъхъау фæуон? — Махмæ дæр иу лæппу ис. — Уæууа, иу æгæр цъус у. Хадизæт цыма йæхи раст кодта: — Йæ фыд хæстæй нал сыздæхт... — Мæ уд дæ иунæджы рынтæ бахæрæд, мæ къона. Мæнæн дæр дзы дыууæйæ нал сыздæхтыёты, фæлæ ма дзы æртæйæ уæддæр сæ фьтды хæдзарыл сæмбæлдысты. Фыды дæр сæхи къухæй баныгæдтой цалдæр азы размæ. Табу, æмбал кæмæн нæй, уыцы иупæг кадджьш хуы- цауæн, бынтон æнæбаныгæнæгæй мæ нæ ныууагъта... — Хатырæй уæд, сымахæн сбадын афои у,— загъта йын Хадизæт йæ сахатмæ æркæсгæйæ. — О, о, дæ рын бахæрон,'цом мах Ловæимæ. Ды та- иу, мæ къона, дæ иунæджы хуртæй бафсæд. — Бузныг. Фæпдараст фæут! 36
Зæронд ус сывæллоны къухыл хæцгæйæ дуарæй ра- хызт. «Диссаг нæу цард. Лæгæн йæ фæсомæрхæдЖы дæр чн нæ вæййы, ууыл дæр амбæлы æмæ йемæ зæронд зон- гæйау ныхæстыл схæцы»,— ахъуыды кодта Хадизæт æмæ фæстæмæ æнхъæлмæгæсæн залмæ баивгъуыдта. Экскурсион поезд цыма хъуызгæ æрбакодта станцæ- мæ—уыцы æнæуынæрæй æрлæууыд вагзалæй рахизæ- ны ракомкоммæ. Радиойæ райхъуыст: «Бæлццæттæ схæццæ сты Бакуйæ!» Хадизæт фестад æмæ тагъдгомау рацыд перронмæ. Бæлццæттæ æмæ сæ размæ рацæуджытæ схæццæ-мæц- цæ сты. Пъатæ, хъæбыстæ, хъæлдзæг иыхас æмæ худт, Ирон цагъд азæлы радиойæ. Хадизæт йæ ных сарæзта æвдæм вагонмæ, йæ фыр- ты размæ*. Фæлæ Бубула йæхæдæг йæ размæ алæууыд. Цины цæхæр калдтой цæстытæ, цæсгомыл хъæлдзæг- дзииад хъазыд,— разы уыд йæ балцæй. Лæппу ахъæбыс кодта йæ мадæн, йæ русыл ыи авæрдта йæ фæлмæн былтæ, йæхæдæг фæсырх. Æцæ- гæлон адæмы астæу фыццаг хатт бауæндыд йæ мадмæ афтæ. Кæм уыдис мады цинæн кæрон. Рараст сты, лæппу мады цонгыл æрхæцыд, афтæмæй. — Куыд уыд дæ балц, дæ зæрдæмæ фæцыд Баку? Зоныс, Бубу, мæ зæрдæ дæм афтæ æхсайдта, æмæ кæм уыдтæн, уымæн ницы æмбæрстон. Мæхицæп бынат нæ ардтон фырмæтæй. — Омæ, Хади, цæуыл мæт кодтай, иунæгæй, мийпаг, куы нæ ацыдтæн. Стæй... — Сывæллон нал дæ! —зæрдиаг худт ныккодта мад. — Уæдæ дын кæдмæ уыдзынæн сывæллон? Æз Ба- куйы Чсхословакийаг уазджытимæ сæмбæлдтæн æмæ уыдонимæ, мæнæй кæстæр чн у, ахæмтæ дæр уыд. — Æмæ, Бубу, уыдон, чи зопы... — Иунæджытæ нæ уыдысты сæ ныййарджытæн, зæгъыимæ хъавыс? 37
— Уæдæ дæм афтæ.кæсы, æмæ исчи йæ иунæджы искуыдæм иунæгæй уадзы?.. — Алчидæр, Хади, йæ удæн иунæг у. Иу иннæйы бæсты нæ цæры, стæй... — Нæ мæлы зæгъинаг дæ? — Æмæ афтæ нæу? — Чи зоны, мæ къона, афтæ у, фæлæ зæрдæйæн уы- наффæ кæиын æнцон нæу, куы тыхса æмæ куы рисса^ уæд. Чи зоны, искуы йæ бамбардзынæ дæхæдæг дæр. -=г Уæхæдæг стут? — бадзырдта сæм сæ сыхаг Кла* вæ иуварсырдыгæй æмæ сæ разы алæууыд.—Куыд уыд дæ балц, Бубу? Нæхи горæт ма дæ цæсты исты у Ба- куйы фæстæ? -г- Тынг рæсугъд бынæттæ ис Бакуйы, стыр горæт у. Фæлæ йыл.нæхи горæт ницæй тыххæй баивдзыиæк. — Ам цы архайыс, Клавæ, искæй размæ рацыдтæ, æви?.. — Æви дæр дзы нæй æмæ дзы иу дæр нæй.—Клавæ нал суагъта дзурын Хадизæты.— Цæуын Беслæнмæ æмæ мæнæ автобусмæ кæсын. Вагзалæй æмгуылфæй цы адæм рацыд, уыдон куыд- фæстæмае апырх сты уынгты алырдæм: чн трамвайы, чи автобусы, чи та фистæгæй араст йæ хæдзармæ. — Бубу, ацы хатт ма искуыдæм куы цæуай, уæд-иу дæ мады иуиæгæй мауал ныууадз. Æнæ дæу нын хæр- гæ нæ, фæлæ дзургæ дæр нал кодта,—автобусмæ цæу- гæйæ ма радзырдта Клавæ. Мад æмæ фырт рахызтысты вагзалы фæзæй. Сзыл- дысты уынджы уæлæрдæм. Сæхимæ цас хæстæгдæр код- той, уыйбæрц Хадизæт тынгæй-тынгдæр тыхст: куыд зæ- гъа йæ лæппуйæн, Æфсæддон комиссарад æм хуынды гæххæтт æрбарвыста, уый. Цæмæн, цæй сæрыл, куй ни- цы йын зоны а дунейыл йæхæдæг дæр. Исты æнамонд ~ хабары фæдыл уаид, æмæ уымæн уæвæн нæй... — Хади, цыма мæм дзæбæх нæ хъусыс, афтæ мæм кæсы, — иуахæмы бафиппайдта лæппу мадæн йæ фæн- 38
даджы хабæрттæ кæнгæйæ* Цæмæй æмбæрста фырт ма- ды мидхъуырдухæн, йæ сагъæс. Цæмæй зыдта, чысыл фæстæдæр æм мад цавæр æбæлвырд, гуырысхойаг писмо равдисдзæн, уый. — Хъусын дæм, хъусын, мæ къона, фæлæ æнæхуыс- сæггомау дæн æмæ кæд.., 8 Хадизæт æмæ Бубула куыддæр дуары мидæгæй фес- ты, афтæ цыма лæппу рувынæй, науæд картоф губакк кæнынæй æрбæздæхт, уыйау афтæ: — Хади, æз мæхи анайон? — Аиай, анай, мæ къона. Æз дын калонкæ асудз- дзынæн. ’ — Нæ хъæуы, мæхæдæг æй асудздзыиæн ныртæккæ, мæнæ ме* ’ддаг дзаумæттæ фелвасон, ды та уал дæ ра- зы чумæдан фен. Цыдæртæ дын дзы ис. Бубула рæвдзгомау йæхи афистæг кодта, асыгъта калонкæ, дуар йæ фæстæ бассыдта æмæ ваннæйы слæуг уыд цыхцырæджы бынмæ. Мад дивапыл æрбадт, чумæдаи йæ уæрджытыл æрæ- вæрдта, байгом æй кæнон, зæгъгæ, æмæ та йæ зæрдыл æрбалæууыд, райсом æй Æфсæддон компссарадмæ цæ- уын кæй хъæуы, уый. Зæрдæ та бакатай кодта адæргæй, куыд æй зæгъон Бубуйæн, зæгъгæ. Уæддæр байгом кодта чумæдан. Разынд дзы, лæппу йсмæ кæй ахаста, уыцы хисæрфæи, къухæхсæп сапон æмæ, дæндæгтæ сыгъдæг кæнынæн цы хъуыд, • уыдон. Стæй йæ лæвæрттæ: буархуыз дыууæ цыллæ цъындайы, сылгоймаджы фындзыкæлмæрзæнтæ цалдæр æмæ ца* вæрдæр æнахуыр ручкæ электрон чысыл цырагъимæ. Йæ фарсмæ сæ диваныл æрæвæрдта æмæ æхсызгон дисы бафтыд. «Куы ницы йын загътон,— хъуыды кодта мад хинымæр,— уæд йæ сæр куыд æрцахста адæттæ бал*-" хæньш? Цыма мæ æхсызгон кæй хъуыдысты, уый æм^ бæрста. Æвæццæгæп, кæд дзургæ ницы кæны, уæддæр 39
уыны (бинонты хъуагдзинæдтæ, æмæ йæ бонцас у, уый- бæрц сæ æмбæрзы». • Хадизæт йæхи диваныл фæстæмæ ауагъта æмæ йæ- химидæг бахудæгау кодта. Сæрыстырдзинад æмæ цин уæнгты ахъардтой. Кæм ма уыдис уыцы минут уымæй амондджындæр а зæххыл! Фæлæ йæ цин уайтагъд фæ- мынæг. Ныттæригъæд кодта йæ фыртæн, хинымæр ын куы анымадта йæ æлхæдтыты аргъ, уæд. «Йæ капеччы- тæй йæхи удæн уæлдай доны агуывзæ дæр нæбалхæд- та, æвæццæгæн, мæгуырæг». Лæппу ваннæйæ хъæлдзæгæй куы рацыд, уæд æм Хадизæт къæмдзæстыгхуызæй бакаст æмæ сдзырдта: — Сегас сын цæмæн æлхæдтай, мæ къона? — Æниу ма фылдæр истæйты фаг куы суыдаид ме ’хца, уæд ма ницытæ балхæдтаин? — Омæ дын, Бубу, афтæ куы загътон, дæхи дзæбæх аирхæфс, истытæ фен, дæ фæллад суадз уыцы дыууæ боны. — Æз мæ зæрдæйы дзæбæхæн уым мæ рæстæг æр- выстаин æнæ дæу, ды та ам... Афтæ æнхъæл уыдтæ/ æмæ нæ зыдтои, ды æнæ мæн фырмæтæй куыд удхар кæндзынæ, уый... — Бастъæлои, Бубу, куыд бадын. Афтæмæй дæумæ хæрын цæуы, æвæццæгæн? — Æмæ дæхимæ нæ цæуы? — Мæхæдæг дæр ахæрин, бæргæ, исты цæттæ куы уаид, уæд. — Картоф нæм нæй, Хади? Уæдæмæ-ма картоф- джынтæ скæн. Мад фестад диванæй, цæлгæнæнмæ рауад, æмæ ка- струлкæты дзыгъал-мыгъул райхъуыст. — Хади, ды хыссæйы кой кæн, картоф æз ахсæддзы- нæн. — Нæ хъæуы, нæ, мæ къона. Мæхæдæг тагъддæр уыдзынæн. Стæй цалынмæ картофтæ фыцой, уæдмæ хыс- сæ дæр цæттæ уыдзæн. 40
— ’Кефйрдæм ис, науæд дын æрбадавон. — Ш дзы, фæлæ йыл ныр цалдæр боны цæуы. Уæд та æрбахæсс ног. Æхца уæртæ стъолы сæр, къоппы. Лæппу .райста æхца æмæ згъорæ’гау акодта дукани- мæ. Мадæн исты аххуыс кæнынæй хуыздæр æм ницы/ каст.' Ца’лынмæ Хадизæт картофтæ æхсæста, уæдмæ дыууæ ксфиры авгимæ фæстæмæ æрбахæццæ. — Хади, дыууæ авджы райстон, кæд дæ нæ’ хъуыдьь сты, уæддæр,— лæф-лæфгæнгæ бадзырдта мадмæ. — НиЦы кæны, мæ’къона, ницы. Изæры дзы фæйнæ агуывзæйы нуазгæ дæр акæндзыстæм,— загъта мад кар- тофтæ уæларт авæргæйæ. Стæй хыссæ кæныныл балæу- уыд. Хур ма уæлæуæз уыд, фæлæ мигъы аууонæй нал| зынд. Дард кæмдæр, Алагирырдыгæй уарын райдыдта. Арвы нæрды гæзæмæ уынæр-иу æрбайхъуыст. Боны æнуд зынгæ фæлæмæгъдæр. Хадизæт йæ фыццаг чъири пецы бавæрдта, дыккаг куыд тъæпæн кодта, афтæ Бу- була дисгæнгæ æрбахызт цæлгæнæнмæ, йæ къухы къон- всрт, афтæмæй. Мад æй куы ауыдта, уæд джихауæй аззад: — Уый знон райстои,— загъта æппынæрæджиау. — Æмæ дæм цæй тыххæй хъуамæ сидой, цæмæн сæ бахъуыдтæ? — ’Æз дæр ыл дис кæнын мæхинымæр, фæлæ...— йæ ныхас кæронмæ нæ ахæццæ, афтæмæй пёцы дуар бакодта, раздæр цы чъири бавæрдта, уый уæлдæр сис- та, æмæ йын йæ бынаты дыккаг тебæ бавæрдта. Лæппу джихæй каст мады змæлдтытæм. Йæ зæрдæ фæкъæпп кодта, кæй йæм ницы дзуры, ууыл. Æмæ сæры магъзы алы хъуыдытæ фæдисонтау иу иннæйы сургæ ныййарц сты. Кæд уæлæмæ ницы дзырдта, уæддæр йæ зæрдæ срыст æмæ дзы йæ балцы хабæрттæ дæр айрох сты. Уыцы минут æм хæрын нæ, фæлæ картофджыптæм кæсын дæр нал цыд. Цæмæдæр гæсгæ йæм афтæфæ- каст, цьгма йын йæ мадмæ Æфсæддон коммисарадмæ кæй 41
.сидынц, уый йæ фыдимæ баст у. Стæй хæстæй уал аэы кæм рацыд, уым дзæгъæл хуымæтæджы нæ сиддзысты уырдæм?.. Мады мидхъуыдытæ дæр рогдæр нæ уыдысты, кæд сæ уый дæр уæлæмæ нæ дзырдта, уæддæр. Ныр дыккаг бон цы алыхуызон хъуыдыты уынгæджы бахауд, уыдон ын йæ сæрызонд куыннæ фæцæуын кодтой! Æниуæй уымæ дæр бирæ нал хъуыд, фæлæ-иу йæ лæппуйыл куы ахъуыды кодта, уæд та-иу.сау мигъы астæуæй ху- ры фæлмæн тын ныфсдæттæг тыхау, зæрдæйы тугда- дзинты ахъардта... Иуцасдæр æнæдзургæйæ алæууыд лæппу мады раз* Лæмбынæг ын каст йæ алы фæзылдмæ дæр. Йæхины- мæр архайдта исты бамбарыныл. Фæлæ йын уыдои йæ 1"уырысходзинад цы фæтытсджындæр кодтой, æидæр ни- цы раиртæста балвырдæй. Адæргæй рауад стыр уат- мæ, аракæс-бакæс кодта, стæй æрбадт. Фестад фæста> мæ, скаст къулмæ йæ фыды къаммæ лæгъстæгæнæгау, цыма дзы исты дзуапп агуырдта, стæй чингуыты скъаа- пы размæ бацыд. Райста Николай Островскийы роман «Куыд æхсыст æндон». Бæлвырд цыдæр быиат дзы агуырдта нæхинымæр, фæлæ йæ нал ардта. - Нæ фе- хъуыста тилифоны дзæнгæрæджы зыланг дæр, цалын- мæ йæм йæ мад æрбадзырдта, уæдмæ. — Бубу, цы фæдæ, цы, нæ хъусыс, чидæр тилифо- нæй дзуры. — Ныртæккæ, Хадп,— разгъорæгау кодта лæппу, фæлæ йын уæддæр байрæджы. — Бубу, чи дзуры? — афарста мад. , — Нал æй раййæфтон,— хъыгзæрдæйæ дзуапп рад- та лæппу. — Уадз æй, ницы кæны. Æрбадзурдзæн та, æхсыз- гон æй куы хъæуæм, уæд. Уæдæмæ-ма Катямæ адзур. Рацу-ма, зæгъ, картофджын хæрынмæ. Цалынмæ уый Дæуа, уæдмæ ме/ртыккаг чъири дæр райсдзыиæн. Бубула ногæй тилифоны хæтæл куыд систа;- адзурон 42
Катятæм; ’з’æгъгæ, афтæ ’дуары дзæнгæрæджы зыланп фæцыд. Лæппу хæтæл æрæвæрдта æмæ дуар кæнынмæ фæднс. —’ Æрбахæццæ да, хæрæг? — дзургæ æрбахызт Катя. Дæ мад йæхицæн бынат дæр нал ардта æиæ дæу, æмæ та йæ, з&гЫдн, абæрæг кæнон. Катя йæ хъæбысы акодта Бубулайы æмæ йæ туфли- тæ ласыныл фæцис. — Æз Та ма ныр дæумæ дзырдтон тнлифонæй, фæлæ дуары дзæнгæрæг фæразæй,— æппæлонхуызæй загъта Бубула.-1- Хади картофджынтæ скодта... — О, уыцы картофджынтæ æмæ сымах! Картоф- гуыбынтай. Алчи та дзидза уарзы. Хадпзæт йæ размæ рауад. т-.Катя, дæ дзурын дын хъуыстон, фæлæ мæ чъири куы басудзайы адæргæй дæм раздæр нæ ракастæн. Æз ма Бубуйы дæумæ дзурын кодтон. Нæ кæртофджынтæ, зæгъъш, :иунæгæй куыд бахæрæм. Стæй æнæуи дæр... — Стæй æнæуи дæр...— йæ ныхас ын айста Катя,— бæлццонæн акувын хъæуы. Цигайнаг, худын та куыд райдыдта... — Хади æнæуи дæр искæйы раз хъæлдзæгдæр æмæ дзурагдæр вæййы,— йæ ныхас баппæрста Бубула. — Дзурынмæ дын дæ мады ничи амбулдзæн, иугæр куы фæкъæртт уа, уæд. Фæлæ ды ам нæ дæ, зæгъгæ, уæд гугын фысæй уæлдай нæу. Цыма дзурын нæ, фæ- лæ хъусып дæр нал фæзоны. — Ау, æмæ афтæ дзураг дæн? — афарста Хадизæт, цыма йæм истæуыл фæсмон æрцыд, ахæм хуызы. Бæрæг уыд, хъазæн ныхас кæй нæ бамбæрста, уый. Чи зоны, сонт мæсты дæр æрбауыдаид. Фæлæ йæ фынг аразы- ныл фæцис. Суанг ма адджын хус сæны авг-дæр æрæ- вæрдта стъолыл. — Ныхас кæнынмæ дæр арæхсын хъæуы,— бафип- яайдта ’Бубула.— Махæн Бакуйы ахæм балцамонæг 43
сылгоймаг. уыд (Дзайнаб. хуынд),, æмæ, æвæццæгæн} дзурынæй никуы бафсæст. — Æмæ, Бубу, исчн афтæ зæгъы, дæ мад дзурынмæ нæ арæхсы? Æз, æнæ дæу куыд вæййы, уый тыххæй загътон. — Сбадут-ма фæлтау, мæн ныууадзут, картофджын- тæ уазал кæцынц. Æз дæр цы дæн, уымæй уæлдай зæ- рондырдæм нал фæуыдзынæн. — Хади, æмæ нæм хъæрмæдои нæй? Æз та цы нуаз- дзынæн сымахимæ? — Уæртæ-ма уазалгæнæны фен, ницыуал дзы ис? — Ацы фатертæ куыд хорз сты. Знон нæ хæрæфырт- мæ уыдтæн рынчынфæрсæг—Къубалты ус, Буачидзе- йы уынджы цæры, æмæ дæ фыдгул уым, фæцæрæд. На- рæг асиитæ, ныллæг, цар, чысыл уæттæ. Къухнийы, * цы ’мбæлы, уыцы дзаумæттæ куы æрæвæрай, уæд дзы фез- мæлæн нал уыдзæп. Сæ уазæгдæттæ æмæ хихсæнтæ та иумæ сты. Йæ царды бонтæ ахæм фатеоы ,чи арвитдзæн, уыдон мæгуыр не сты,—ныхæстæгæнгæйæ æрбадт Катя. Бубула дыууæ агуывзæйы сæн рауагъта, йæхицæн та хъæрмæдон. Катя "сыстад кувынмæ æмæ, райдайа, зæгъгæ, афтæ дуары дзæнгæрæджы хъæр æрбаихъуыст. Бубула дуар кæнынмæ рауад. Катя фæстæмæ æрбадт. — Хадп, Дзетта! — æрбайхъуыст къæсæрæй Бубу- лайы хъæлдзæг хъæлæс. — Æрбацыдтæ?! Æз та ма, дæ мад æнкъард ма кæ- на, зæгъгæ, хъæдæй хъæумæ фæцыдтæн,— райдыдта Дзетта, къæсæрæй куы ’рбахызт, уæд.— Куыд уыд дæ балц? — Мæ балц хорз уыд, фæлæ уал мидæмæ ахиз. Ка- тя дæр махмæ ис, уæртæ...—йæ ныхас кæронмæ нæ фæ- цис Бубула, афтæ Хадизæт худгæ тыргъмæ цырд ра- хызт. — Мидæмæ уын куынæуал æнтысы. — Æмæ ма дæ цæмæн хъæуæм? Дæ бæлцуон куы ’рбахæццæ... 44
Мад æмæ фырт æй дзурын нал суагътой, .афтæмæй Дзеттайыл дыууæрдыгæй фæхæцыдысты æмæ йæ хæс- сæгау бакодтой мидасмæ, Катя æмæ Дзетта кæрæдзиуыл бацин кодтой. Бубу- ла агуывзæ авæрдта Дзеттайы цур æмæ дзы сæн ра- уагъта. — Цæй æмæ не ’ртæ чъирийы акувæм,— Дзеттамæ кæсгæйæ райдыдта Катя, слæууыд, афтæмæй. Иууыл- дæр сыстадысты. — Кувын ^ нæ зоныи, фæлæ уæддæр...— дзырдта дарддæр Катя.— Алæбон æгас цæуæд Бубула. Кæддæ- риддæр йæ. балцæй афтæ хъæлдзæг, æпæмастæй куыд здæха, ахæм амонд æй уæд. Хуыздæр сын чи скува, уый куывд та сы# цæугæ æркæнæд, афтæмæй йæ æз нуазын æмæ уæм сидын.— Бубу, дæ цæрæнбоны тыххæй йæ лæу- гæйæ нуазын. Амондджын лæг су. — Хæлар, хæлар, Катя, бузныг. Дзетта, дæуæн дæр нуазгæйæ у. — Æз æй дæу тыххæй низæй дæр баназдзынæн. Фæлæ та мæиæ дæ мад цыдæр хин худтытæ кæны... -г- Хади дæр æй баназдзæн дæ фæстæ. Æццæй? Цалынмæ Дзетта Бубуламæ дзырдта, уæдмæ Хади- зæт аивæй йæ сæн анызта. Ныр æм йæ фырт куы ба- дзырдта, «æццæй?>>, зæгъгæ, уæд æм мад афтнд агуыв- зæ равдыста. æмæ, йæ худын тыххæй уромгæйæ, Катя- мæ бакаст. — Цигайпаг! Нæ йæм кæсыс: йæ фырты цæрæнбоны тыххæй, дæумæ дæр нал фæкаст, афтæмæй йæ дæ ра- зæй анызта. — Нæ дын загътон, дæ мадмæ кæс, зæгъгæ. Р1æ агуывзæ йын байдзаг кæн, науæд кæмæ фæсидон. — Ныртæккæ-ма йæм фæкæс,— авг фелвæста Бу- була æмæ йæ мады агуывзæ айдзаг кодта. Мады дæр цыма тынг иæ фæпдыд нуазын,— æнæбары хуызæн сис- та агуывзæ æмæ афтæ: 45
— Цы гæнæн ис, Бубу, тых алкæуыл<дæр ца^уБь..— йæ дзыхмæ та схаста агуывзæ. - .». ••* • /: . — Фæлæуу, фæлæуу, кæдæм та йæ фæиуазыс. Ныр- ма Дзетта куы нæма банызт^а,— фæрæвдз æм- Катя. — Ау, уæдæ сидт дæлæмæ нæ цæуы, < зæгъгæ, уæд кæстæртæ цы хъуамæ кусой? — Аиаз, Дзетта, дæ нуазæн, дæ хорзæхæй. Науæд йæ фырты цинæй нæ фысым авгыл æнæхъæнæй куы схæца, уымæй дæр тæссаг у. — Цæй, Бубу, нуазын æй, фæлæ уæддæр дæ мадмæ дзæбæх кæс, фæрасыг дын уыдзæн... Сылгоймæгтæ бахъæлдзæг сты. Хъазæи, хъæлдзæг ныхас æмæ худт сыл бахæцыдысты. Бубула йæхи афсæс- та æмæ рацыд стыр уатмæ. Æрбадт пиаиинæйы цур æмæ сабыргай цæгъдын райдыдта... 9 ...Фæсæмбисæхсæв. Ныссабыр горæт, уынгты змæлæг нал и. Рог дымгæ бæлæстыл асæрфы йæхи, цыма сæ узгæ кæны, дзæбæхдæр ахуыссут æхсæвы тары, зæгъгæ. Сыфтæртæ гæзæмæ базмæлынц, æмæ райхъуысы сæ сабыр сыбар-сыбур: «Нæ, нæ, фынæй кæнæн нын нæй, уæлдæф сыгъдæг кæнын мах бар у. Тагъд æрбарухс уыдзæн бои, райхъал уыдзæн æрдз, æмæ та царды згъорд бацæудзæн йæ тынджы. Мах æххуыс тынг хъæ- уы, тынг, царды». Алчй хуыссы... Хуыссы Хадизæт дæр, фæлæ фынæй нал у. Сабыр, æнæуынæр у æхсæв. Цафон у?—рудз- гуытæй рухсы цъыртт нæ зыны... Хадизæты хъустыл уайы æрмæст сахаты иугæндзон цъыкк-цъыкк. Дард кæцæйдæр æрбайхъуыст уасæджы уасыи, фæлæ цафон у? Дыккаг æви æртыккаг кæркуаеæн? Ныхъхъуыста ноджы тынгдæр æхсæвы тармæ. Æмæ æрмæстдæр уæд йæ хъус æрцахста Бубулайы æнæмæт улæфт. Балцы фæстæ йын хуыссæг ’уæлдай адджындæр у,: æвæццæ- гæн. 46
Уæд Хадизæт та цæуыннæ фынæй кæны, цæмæн райхъал уыцы афои,. æнæхуыссæг, фæлмæст куы уыд цалдæр æхсæвы? Вубула дæр сæхимæ куы ис, дзæбæх фынæй куы кæны... Йæ зæрдыл æрбалæууыд> Æфсæддон комиссарадæп цы гæххæтт райста, уый. — О, гæныстоиы зæрдæ...— фембæрста, чи у йæ фыдбылыз, йæ хуыссæг сурæг. Раст ыл цыма исчи уа- зал дон бакалдта,—зæрдæйы æнахуыр æнкъуыстæй буар бадыз-дыз кодта. Бирæ алыхуызон нывтæ уад Хадизæтæн нæ цæсты- тыл, бирæ цæуылдæрты рыст йæ зæрдæ, фæлæ уæддæр Астемыр уыд йæ хъуыдытæн сæ бындур, се ’нхъизæн. — «Ау, æз цы Астейы зыдтон, мæ сæр уæлæуæзты кæй ныфсæй хæссын, уый куыд ферох кодтаид йæ фæл- мæн ныййарджыты, йæ хоты, йæ иунæджы сæр. Ахæм хъуыддагыл баууæндыны бæсты фæлтау мæ уд авд- дæлдзæхы фæуæд, æрмæст Бубу уæддæр хуыцауы уа- зæг. Кæд йæ фыд...» Уыцы хъуыдыйæ йæ зæрдæ тынг- дæр ныссæххæтт кодта,— «фæлæ куыд хъуамæ уыдаид, куыд?.. Ау, Дзыцца æмæ Бæппуйæ чи райгуырд,—хъуы- ды кодта дарддæр Хадизæт,— æз цыфæнды фæуон, фæ- лæ нæ иунæджы уындмæ йæ былыцъæрттæ чи хордта, уый куыд рауайдзæн гадзрахатæйцæуæг Фыдыбæстæ- йыл... Кæд афтæ у, уæд та адæймаг адæймаг нал у, цард пал бæззы цæрынæн, дæлдзæх фæуæд адæймаджы равзæрд, уарзондзинад та уæлдайдæр...» Цæмæй зыдта Хадизæт, йæ уындæй кæмæн иæ баф- сæст, йæ удæй фылдæр кæй уарзта, сæ иунæг байзæд- даджы йæ цæсты кæронæй дæр чи пæ федта, уый йæ туджы цæмты куыд хъуырдухæн кодта, уый. Цæмæй’ зыдта, æнамонд идæдз, Астемыр йæ иунæг хъæбулы* уындмæ бæлгæйæ йæ былыцъæрттæ куыд хордта, æмæ афтæмæй сау сыджыт кæй ссардта, уый. Хадизæт æрмæстдæр райста хуымæтæджы гæххæтты гæбаз, «Дæ лæг Фыдыбæстæйы сæраппонд хъæбатырæй 47
фæмард», зæгъгæ, æмæ ныр йæ-зæрдæ бынтонд&р дзæ- гъæлтæ уымæн кодта: Уымæи уадысты йæ. цæстытыл æнахуыр цауты аууæттæ, уыдон ын хордтой йæ сæры магъз. ...Чи зоны, цас рæстæг фæцис ахæм уавæры Хади- зæт. Æрмæст боны рухс йæхи нæма ’вдыста. Хадизæтæн иуафон йæ зæрдыл æрбалæууыд хæсты рæстæг. Йæ цæстыты раз нывæфтыдæй февзæрдысты, йæхæдæг ар- хайæг кæм уыд, уыцы цардæгас цаутæ... Уæд йæ сьь вæллоныл дыууæ мæйæ фылдæр нæма цыд: Фыдыбæс- тæйы стыр хæсты арт сыгъд дыккаг аз. Схæццæ Ирыс- тонмæ. Дзæдзæйы нæ уырныдта, хæсты артæй Ирыстоны быдыртæ дæр афтæ судздзысты, уый. Фæлæ топхоЫ фæздæгæй хуры рухс куынæуал зынд, сармадзанты æмæ бомбæты богъ-богъ æмæ иæтгæ уынæргъыи хæстæгæй- хæстæгдæрæй хъуысын куы райдыдтой сæ хъæумæ, уæд иуизæр йæ бинойнаг Госæйæн загъта: — Хæдарцон, нæ мæ уырныдта, немыц мах онг схæццæ уыдзысты, уый, фæлæ ма цы загъдæуа. Хуыцау сыл йæ бæллæх сæвæрæд. Зæгъ чындзæн, йæ куыст ныу- уадзæд æмæ сывæллонимæ ацæуæд Гуысырамæ, дæ цæ- гатмæ. — Æз ма дын мæхæдæг уыдтæн зæгъинаг, фæлæ йæ нæ зоныс, йæ куыстыл куыд æнувыд у, уый. Мæй дæр куы нæ бафæрæзта йæ сывæллопы цур абадын. " — Æмæ немыц ам куы æрбалæууой, уæд ма нæм цæй скъола уыдзæн. Нæ, нæ, аныхас кæн йемæ. Уæд та дыууæйæ дæр ацæут. Хæхты та уæддæр æдасдæр уы- дзæн. — Æз та кæдæм цæуын дæуæй уæлдай. Уæд уæртæ чызджытæй искæимæ ацæуæд... Уыцы бон Хадизæт йæ куыстæй куы ’рбаздæхт æмæ йæ с^вæллонæн дзидзи куы бадардта, уæд ын Госщ бамбарын кодта Дзæдзæйы фæнд. Хадизæт æм бай* хъуыста, стæй фæлмæн бахудт: 48
— Æмæ* сымахæй уаблдай мæнæн цы уыдзæн^ Дзыц- ца.' : /. — Уæлдайы тыххæй нæ, фæлæ сывæллон... Нæ зæ- ронд фынæй дæр нал кæны. Сырдтæ хонынц уыцы нег мыцы... Нйкæуыл ауæрдынц. Уæлдайдæр, йæ фыд хæс- ты ис, уыйкуы базоной, уæд... ’— Дзыцца, афтæ-иу куы дзырдтат, арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы, зæгъгæ. Стæй сæ кæд æппынфæстаг* искæд ныууромиккой. — Омæ, дæ фæхъхъау фæуон, фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц, зæгъгæ, .дæр бæргæ фæдзурынц, фæ- лæ ныр дыккаг аз... < • — Знаджы хæдтæхджытæ та æрбатæхынц! — æрба- хъæр-кодта Дзæдзæ.— Уæрммæ иыххизут. Сывæллоны райс дæхимæ, Хæдарцон!.. Госæ йæ лæджы хъæр - куы айхъуыста, уæд уыциу лæбурд фæкодта сывæллоны авдæнмæ æмæ йæ æддæ- мæ хæссыиыл фæцис. Хадизæт ссыгъдис фырæфсæрмæй. — Уæззау, у, Дзыцца, уадз æй... Мæхæдæг æй... — Нæ, иæ, мæ къона, рауай дæхæдæг дæр, хъусыс, нæ зæрбид кæрты ис æмæ... Хадизæт хорз æмбæрста, кæд сыл хинымæр разы нæ уыд, уæддæр, фыдæлты ирон æгъдæуттæм гæсгæ йын йæ сывæллонмæ йæ хицауы раз æвналыи не тмбæлы,^ уый. Уатæй куыд рауад æмæ тыргъæй куыд æрцæйхызт, афтæ йæ хъустыл ауадысты сармадзаны гæрæхтæ. Скаст хæрдмæ æмæ ауыдта, немыцаг хæдтæхæг йæ фæстæ фæздæгæй сау.фæд уадзгæйæ йæ ных кæп сарæзта Май- рæмададжы доны былмæ. Цалынмæ хъуыды кодта, уæрммæ ма хизон, ма хизон, уæдмæ уыцы хæдтæхæджы срæмыгъды хъæр æрбайхъуыст. Знаджы иннæ хæдтæхджытæ цалдæрæй уæлæуæзты горæтырдæм азылдысты, кæд сармадзаны гæрах нæ са- быр кодта, уæддæр. Хадизæт нал ныххызт уæрммæ.( Бомбæтæ æрæппарынæй тас нал уыд. 49
...Рацыдис ма уæдæй. цалдæр боны. Хъæуь^ тæссаг уавæр бонæй-бонвыддæр кодта. Фæзынд дзы сырхæф- сæддон хæйттæ. Цæрджытæй ма чи баззад хъæуы: ззе- рæдтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, уыдон сæ уарзон райдзаст хæдзæрттæ акъоппытæй баивтой. Арæх нæма, фæлæ-ну уæддæр бон цалдæр хатты уæлдæфы фæзын- дысты знаджы хæдтæхджытæ. Зæххыл змæлæгæй кæй уыдтой, уыдоны æхстой. Æрмæст раздæрты куыд ныфс- джыи дард кодтой сæхи, ныр афтæ æдæрсгæ тзехын нал уæндыдысты. Мах хæдтæхджытæ-иу сæ размæ куы фес- ты, уæд-ну мысты хуынкъ туманæй агуырдтой. Дзæ- дзæйы катай хуылфы нал цыд. Бинонты мæт, уæлдай- дæр Таму æмæ Бубу, зæронды æррайы хуызæн скод- той, кæднмцы дзырдта, уæддæр. Иуæхсæв сæ ракомком- мæ, доныбыл стыр хæристы бын танкæты иыхмæ хæцæг сармадзантæн æмбæхсæн-акъоппытæ куыкъахтой сырх- æфсæддонтæ, уæд Дзæдзæ дæр сæ цурæн цикуьгдæм! ацыд бонмæ. Кæмæ бел лæвæрдта, кæмæ—мæцънс. Суанг ма-иу йæхæдæг дæр афæлвæрдта уыдопимæ къахыиыл. — Йсуæ, йеуæ, мæ хуртæ, ма сæ æрбауадзæм ар- дæм дæлдзæх фæуинæгты!—дзырдта-ну.— Мах дæр уæм фæкæсдзыстæм, мæ хæдзæрттæ. Алыг сын кæнут сæ фæндаг ацы доныл... — О, сымах нæм куы фæкæсат, уæд...— хъазгæмха- сæнæп бафнппайдта сырхæфсæддонтæй иу. Фæлæ йыи йæ ныхас фæлыг кодта сæ хицау лейтенаит. Йæхимæ райста бсл Дзæдзæйы къухæй. — Банцайут! Раст уын дзуры зæропд. Цас сыгъдæг дзырдта Дзæдзæ уырыссагау, фæлзэ йæ куы бамбæрстон, йæ фырт хæсты ис, афтæмæй йын лæппу райгуырд, уый, уæд схор-хор кодтой сырхæфсæд- донтæ. — О, нæ фыдыхай, кæд иугæр ам ноггуырд ис, уæд цыфæндыйæ дæр нæ удæгасæйдæ кæрты немыцаджыл къах нс-’рлæудзæн. 50
— )\(1æ уд уæ фæхъхъау куы фæуид, æмæ, сын, лæг цы у, уый куы феныи кæниккат—, : ’ : ’ ■.■ ■. Хъ&уы у’авæр ноджы февзæрдæр... Немыцы æфсæдтæ Лескенæй Цыколамæ æрбалæгæрстой æмæ .рæбынтьь рæбынты’суанг Джызæлмæ æрбаирвæзтысты.-Гуысыра- мæ фæндаг æхгæд æрцыд. Хадизæт зæрæдты ныууадзын- вæнд нæ кодта афтæ дæр,-æмæ.йын ныр хорз æфсон фæцис. • • Фиййаджыбылы бакомкоммæ* стыр доиы фале Рас- светы æрфысымуат кодтой знаджы æфсæдтæ, æмæ хъæу бынтон’&взæр уавæрыбахауд. Уынгты змæлæг иал уыд, хæдзæртты арт нал кодтой. Дзæдзæ йæ азтæм гæсгæ кæд-ацæргæ уыд, уæддæр уыцы бон^ы æмбисонды хъаруджыи разынд. Сæ цæхæ- радойы -чъылдыммæ цы æфсæддон хайы штаб æрбынат кодта цалдæр боны размæ, уырдæм алы æхсæв дæр цыд; «Уу, ма^дзæ, исты уынаффæ, исты уынаффæ. Бахæс кæнут мæнæн дæр исты,- цæмæй уын исчердыгæй бах- хуыс кæйон», фæлæ йæм хъусæг нæ уыд. Фиййаджыбыл æмæ Рассветы астæу бирæ быдыр нæй, фæлæ у армытъæпæны хуызæн лæгъз æмæ гом., Дуры аууон нæ, къудзийЬ1. бындзæфхад дæр дзы зын ссарæн у.. Æрмæст дыууæ хъæуы.астæу Фнййаджыдон йе ’нусои згъордæй не ’нцайы. Немыцаг æфсæдтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ ацар- хайдтой Рассветæй Фиййаджыбылмæ æрбахизынмæ до- пы сæрты. Сæдæгæйттæй-иу баззадысты уырыл. «Пан- терæтæ» дæр сыгъдысты, сау пиллон уагътой. Уæддæр- ну иогæй-ногмæ æппæрстой æидæр тыхтæ. Фæлæ доны сæр/гы æрбахизын нал уыдис сæ бон. «Фæстæмæ нал. Æрмæстдæр размæ, знаджы дæрæнгæнгæ! Кæнæ мæлæт, кæнæ сæрибар!»—дзырдтой уыцы бонты сырхæфсæд- донтæ. • Иунзæр Дзæдзæмæ, Хъулаты хæдзары цы æфсæддон хайы штаб лæууыд, уырдæм фæсидтысты. Къæсæрæй 51
куы бахызт талынггомау зæбхын уатмæ, уæд -уьш чп уыд, уыдонæй йæм иу фæрæвдз: — А-а, нæ фыдыхай. Табуафси, мидæмæ,— йæ къух ын райста æмæ йæ рæбынырдыгæй æрбадьш кодта. Æрбадт йæхæдæг дæр, æрбадтысты, Дзæдзæиæн чи слæууыд, уыдон дæр. . • — Æдзух нæ азымы дарыс, æххуысгæиæг мæ нæ кæпут, зæгъгæ, æмæ дæм уымæн фæдзырдтам. Дзæдзæ йæм аивæй бакаст. Кæд фыццаг хатт иæ уыдта майоры, уæддæр нырма ныр бафиппаидта, чюа- йорæи цъæх цæстытæ ис æмæ афтæ бурбын тæнæгæрфыг у, уый. — Нæ фыд, сæрыстыр у дæ фыртæй! — Майор! — цыма фын уыдта æмæ фехъад,— фес- тад.— Дардыл мауал дзур. Зæгъ, цы кæнын. хъæуы? — Мах базонын хъæуы, пемыцмæ ма цы тыхтæ ис æмæ цы рæтты лæууынц, кæм бады се штаб. Æмбарыс мæ? Хъуамæ райсом истæй æфсон бацæуай Рассветмæ» Уым дæхн цæстæй фснай, цавæр æфсæддон хæйттæ ис хъæуы, цыхуызæн хæцæнгарз, цы бынæтты лæу- уынц... — Куыд дæ æмбарын, афтæмæй æз хъуамæ мæхи къахæй бацæуон немыцмæ,— загъта Дзæдзæ æмæ уаты чи уыд, уыцы хæстонтыл йæ цæст ахаста. ^...Уыцы изæр Дзæдзæ кæд фæлладæй æрбацыд быды- рæй, уæддæр æй бонырдæммæ хуыссæг не ’рцахста. Алы хъуыдыты амæттаг баци. Куы æрбабон, уæд Дзæдзаэ йæ фæнд Госæйæн бамбарын кодта. Зæрæдты иыхас фе- хъуыста Хадизæт дæр. Йæ зæрдæ бауазал, Дзæдзæ* Рассветмæ, пемыцмæ цæуынвæнд кæны, уый куы базыд- та, уæд. Æвиппайды йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Ас- темыры ныхæстæ: «Цалынмæ фæстæмæ æрбаздæхон æфсадæй, уæдмæ сын хъуамæ чындз дæр уай æмæ фырт дæр». — «Ау, йæхн къахæй адзалмæ?» — февзæрд йæ сæ- ры.—Æмæ уæд æз Астейæн цы зæгъдзыпæн, цы цæсгом 52
ма йæм равдисдзынæн, цы ма хъахъхъæдтай ам, зæгъ- гæ, мæ куы бафæрса, уæд?» — Дзыцца, кæд æнæ цæугæ нæй Бæплуйæн Рас- светмæ, уæд æз дæр йемæ цæуьш. Иунæгæй йын уадзæн нæй. Исты йын... Куы кæной... — Цытæ дзурыс, мæ къона, уымæн гæнæн ис, æмæ ды балбирæгъты астæумæ ацæуай? Нæ, нæ, кой дæр æй ма скæн, хъыг ын уыдзæн. — Уæдæ иунæгæй куыд?! — Йæ амонд конд у, дæ фæхъхъау фæуон, уымæн дæр. Гуысырамæ кæй нæ бакуымдтай ацæуыи, ууыл’ дæр йæхи куы ’ргæвды... — Омæ, Дзыцца,— нал суагъта æфсины дзурыи,—• сымах а.м, уынгæджы арты ныууадз æмæ дæ сæр бафс-* най, уæд мæ цы схондзысты?.. « — Омæ дæ, мæ къона, нæ уынынц адæм? Кæй зæр- дæ дыл хъуамæ фæхуда? Нæ зæронд дæ тыххæй куы ’рвыста йæхæдæг... — Сымах кæм цæрат, кæнæ кæм сæфат, уым æз дæр. Уыцы ныхæстæ куы кодтой æфсин æмæ чындз, уæд Дзæдзæ та, дысон æм чи басидт, уыимæ ныхас кодта йæ «балцы» фæдыл. .— Иттæг хорз æрхъуыды кодтай, зæронд! — загъта майор. — Хорзæй, æвзæрæй, бафæлварын хъæуы нæ амонд. Цы мып сæ бон у, цы пайда сын дæн? Хъуг у, æмæ йæ байсæнт. Сæ мæрдты хъис дзы ссарæнт, æндæр ма дзы исты ис?.. — Уæ хъугыл ма тыхс, мах дын бафиддзыстæм йæ аргъ, куы бахъæуа, уæд,— зæпьы майор худгæйæ, Дзæ- дзæйы зæрдæ ’лхæнгæйæ. — Йæ аргъ дæр мæ нæ хъæуы, йæхæдæг дæр. Сы- махæй махæй уæлдай нæй — иу стæм,—сдзырдта цæу- гæ-цæуын, стæй сонт лæуд фæкодта æмæ æрбадзырдта фæстæмæ.—Майор, мæ хур, æз иугæр Фиййаджыдоны? фале куы фæуон, уæд-иу мæ æфсонæн уæ адæм фæгæ- 5&
рæхтæ кæнæнт. Уадз- æмæ уыцы бирæгътæ æнхъæл .уой, •сымахæй ралыгъдтæн, зæгъгæ. , . — Зæронд, дæу хæстон уæвын хъуыд, лсуыд кæсын, афтæмæй. Æвæджиау арæхстджын сгарæг дæ рауадаид... Дзæдзæ, кæд йæхн æдасхуыз дардта, уæддæр хииы- мæр, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг тарст,— мæлын кæй фæнды. Куыддæр ыл уыцы лæгсырдтæ истæмæй фæгуьь рысхо уой, афтæ йæ фесхдзысты. Йæ хъуыры хæринаг дæр нæ ауагъта уыцы райсом, æрмæст иу хъарм арахъ- хъæй; хуыцауы ном. ссардта, Уастырджимæ бакуывта æмæ йæ анызта. Уыйфæстæ йæ зæронд кæрц æрбакод: та йæ уæлæ, бацыд авдæны цурмæ æмæ æдзынæг нык- каст сывæллонмæ. — Бæппу! — нал баурæдта йæхи Хадизæт æмæ Дзæ- дзæйы æфцæгыл ныттыхст.— Нæй дын иунæгæй уа- дзæн! Мæп дæр ауадз демæ, Бæппу!.: Дзæдзæйæн йæ зæрдæ бынтондæр цыдæрхуызон фæ- цис. Йæ уæрджытæ фæтасыдысты. — Уæ, дæ рмн бахæрон, чындз, афтæ чи кæны сыл- тоймагæй. Басабыр у. Ма мын тæрс. Хуыцауы фæндонæй ’фæстæмæ ам уыдзыиæн... — Хади, мæ къона, худинаг у. Уæд та.сыхæгтæй ис- ’чи фæцис, цы зæгъдзæн? — авдæи узгæйæ сдзырдта Го- сæ. — Дзыцца, цавæр худинаджы кой ма кæнут, адæм зындон арты куы судзынц, уæд? Йæхи къахæй адзалы къухмæ цæуы, уый у йæ амонд?... Фæлтау мæн ауадзут йæ бæсты... — Уый гæнæн нæй, дæ рын бахæрон. Иу иннæйы’ бæсты иæ цæры æмæ нæ мæлы, уый зоп. Лæгæн хуыцау, цы сныв кæна, табу йæхицæн, уымæй йыи аирвæзæн. нæй, не ’фсины загъдау. Дзæгъæлы æфхæрдта Хадизæт йæхп. Дзæдзæ æмæ- дзы Госæ тынг разы уыдысты. Тынг хорз æмбæрстой сæ чындзы зæрдæйы рыст æмæ мæт. Раст цыма сæ иунæг сæ цуры пс, афтæ йæм кастысты кæддæриддæр. Æмæ 54
сып фырты æгъдау дæтгæ дæр кодта. Гъемæ, ау, цæст- уынгæйæ Бæппуйы адзалы фæндагыл иунæгæй куыд. ауадза? Асте йæ ауагътаид? Уæдæ æз... Дæлдзæх фæуа уæд та, сылгоймаг чи сфæлдыста зæххыл!.. Цалынмæ сывæллонæи æхсыр дардта Хадизæт, уæд- мæ Дзæдзæ кулдуарæй рахызт æмæ араст сгарæгæй Рас- светмæ йæ сикъо бур хъугимæ. Сыхæгтæй йæ чидæртæ федтой æмæ йæ фæдыл дис- тæ кодтой. Дзæдзæйæн йæ иу къухы æхсæр уисæй лæ~ дзæг, иннæ къухы хъуджы сæрбос. Фиййаджыдоны сæр- ты куы ахызт хъæдын хидыл, уæд æй фæсте къорд æхс- ты фæкодтон, йæхæдæг куыд загъта, афтæ. Æхсгæ йæ куы кодтой, уæд ма барæй нæ цыд дæр фæтагъддæр кодта. Тындзы размæ Дзæдзæ, фæлæ... «Мæнæ хуыцауы диссаг,— хъуыды кæны хинымæр.— Ай кæройнаг уынг- мæ куы фæхæццæ кæнын, æмæ мæ иу уромæг, иу фæр* сæг куы нæ нс, кæдæм цæуыс, зæгъгæ». Цæуы дарддæр. Нæй змæлæг нæ нуырдыгæй, нæ ин- нæрдыгæй. Æрмæст, астæуыккаг уынджы бæстастæу скъолайы кæртæй райхъуыст дзурын, машинæйы хъæр. -Аивæй .ахъахъхъæдта алырдæмыты. Скъолайы кæртæй -рæвдз рацыдысты дыууæ салдаты мотоциклеттыл æмæ атыпдзыдтой. Иу — хъæуысæрырдæм, иннæ — хъæуьь бынырдæм цыдæр хъæргæнгæ. Немыцæгтæ цыдæр тагъд- тагъд кодтой. Чи иуырдæм уад, чи — иннæрдæм. Дзæ- дзæ йæ цыд хъæуысæрырдæм сарæзта. Мотоциклетыл цы салдат аивгъуыдта уæлæмæ, уый фæстæмæ æрсыф- фытт ласта йæ цурты уыцы хъæргæнгæ. Чысыл уæл- дæр иу кæртæй рахызтысты æртæ салдаты худгæ, цæ- уылдæр хъæрæй ныхас кодтой. Дзæдзæ сæ куы ауыдта, уæд йæхи сцæттæ кодта дзуаип дæттынмæ, ныртæккæ мæ фæрсдзысты, зæгъгæ. Кæсы æмæ сæ къухты кæрчы- тæ. Иуæн та дзы йæ дæларм хъаз. Куы йæм æрхæццаз сты, уæд ын дзы иу æнæ айтæ-уыйтæй йæ цыбыр боцъо- •айвæзта :æмæ ныххудт хъугмæ ацамонгæйæ. Цыдæртæ -55
едзырдтой пемыцæгтæ æмæ ноджы хъæрдæрæй ныххуд-* тысты. Дзæдзæ фырмæстæй афæлурс. Иæ цард-цæрæн-1 бонты фыццаг хатт андзæвыд искæйы къух ахæм хуызы йæ боцъойыл. Куыннæ йæ ныддаудта йæ лæдзæгæй; куыннæ йын ныххæцыд дæндæгтæй йæ хурхуадындзтыл? Куыд бабыхсыд ахæм æфхæрдæн?.. Æваст йæ хъустыл ауад сылгоймаджы цъæхахст.' Хъуджы сæрбос кауы михыл абаста, йæхæдæг, цыма зноныггон лæппу уыд, уыйау уыциу згъордæй иу кæр- ты фæмидæг. Цъæхахст нæ сабыр кодта, раст цыма| «скæй æргæвдгæ чындæуыд. Айтæ-уыйтæ нал фæкодта* <æмæ цъæхахстмæ скъæты æхгæд дуар барæмыгъта.) Уым, къуы’мы, фæлхæрдтыл иемыцаг салдат тыхбакæ-' нынæввонгæй хæрзæрыгон чызджы йæ быны куыд æр- кодта, афтæ йыи Дзæдзæ йæ сæр ныддаудта æмæ цъам-! мар уыцы æнаивтæй зæххы адаргъ. Сым дæр нал скод-н та. Цæстытæ дзагъырæй аззадысты. Чызг, мæгуыр, нæ бамбæрста, цы ’рцыд, уый, æмæ йæ хъæр нæ сабыр кодта. Дзæдзæ дæр фæтарст, сонтæй куы ауыдта сал- даты ахæм хуызы, уæд. Уыцы хъæрмæ удаистæй æрба-. хæццæ чызджы мад дæр, йæ хуыз фæцыд, афтæмæй. Чызг исдуг мады дæр нæ базыдта. Ныффæлурс. Йæ са- тæгсау егъау цæстытæ рацæйгæпп кодтой сæ къуырфьн тæй. Зыр-зырæг ыл бахæцыд. — Мæ бындур йæ бынæй ныззылди! — фæхъæр код- та мад чызджы ауынгæйæ æмæ йыл йæхи ныццавта. Дзæдзæ сылгоймаджы базыдта. < — Настя, басабыр у, ницы ’рцыд æвзæрæй. Дæ хъæрмæ уыцы æнаккæгтæ фæзындзысты, æмæ уæд æцæг æмбисонд кæнæм. Басабыр кæн сывæллоны дæр. Ацы куыдзы мард æфснаинаг у... , Настя нырма ныр ауыдта, салдат мард у, уый. Скаст Дзæдзæмæ æмæ джихæй баззад. ’ — Настя, дæ рын бахæрон, нал мæ зоныс æви мæм, джихæй цы кæсыс? Мæнæ уынгты сцæйцыдтæн, æмаа цъæхахстмæ æрбазгъордтон... Ницыуал бамбæрстон 36
фырмæстæй. Уыциу’цæфæй хъыпп-сыпп дæр нал скодта. "— Дзэедзæ, нæ зæды хай, дæ иуиæджы нывонд мæ сæр фæуа. Цы хуыцау дæ æрбахаста мах амондæн? — дзырдта Настя йæ чызджы йæ хъæбысы ныккæнгæйæ; — Цы хуыцау мæ æрбауагъта, уымæн табу йæхи- цæн, фæлæ ацы хæдмæлы бааууон кæнын хъæуы, ца- лынмæ сæ ничи фæзынд, уæдмæ. — Иу дæр сæ мауал уæд, æмæ сæ ныййарджытæ сæ фæстæ ниугæйæ баззайæнт, махæн ацы мæстытæ æмæ фыдæбæттæ кæй тыххæй сты. Ныр дыккаг бон сæ быньг дон -бацыд, æвæццæгæн. Æнæцъист, æнæхъистæй хъæ- уæй сæхи исынц... — Уый та куыд? —афарста Дзæдзæ. Йæ зæрдыл æр- балæууыд, йæ цыды сæр цæуыл’у, уый. Æмæ йын сон- тæй хъыггомау дæр ма уыд Настяйы ныхас. «Ау, дзæ- гъæлы фæцыдтæн, цы хабар бахæсдзынæн, æнхъæлмæ мæм чи кæсы, уыдонæн? — хъуыды кодта хинымæр.— Æмæ уæд цæугæ та чердæм кæнынц? Кæд рæбынты го’- рæтырдæм сæхи исынц. Æмæ цыма уым дæр сæ хъуыд- даг рæвдз нал у, афтæ мæм кæсы...» Мотоциклеты хъæр æрбайхъуыст уынгæй, хæстæгæй- хæстæгдæр кæны. Чызг мадыл ныттыхст. Ногæй та йæ скæуынмæ бирæ нал хъæуы. Дзæдзæ æмæ Настя удаис- тæй салдаты мард къуымы фæлхæрдты бын фæкод- той. Уæдмæ мотоцикл аивгъуыдта дарддæр. Чысыл се ’муд æрцыдысты, æмæ Дзæдзæ афтæ: — Æмæ уæдæ куыд базындæуа бæлвырддæр, уыцы лæгсырдтæ æцæг лидзыныл сысты, æви сæхи хъæуы фале цъыхырымæ айстой? — Нæ зонын, нæ зонын, Дзæдзæ, цъыхырыйы сын цы ис, хъæу куы нæма фесты хæрд... Дзæдзæ кæртмæ рахызт. Иæ фæдыл рацыд Настя йæ чызгимæ. Кæрты дуармæ куы рахæццæ сты, уæд Дзæдзæ фæлæууыд: — Æддæмæ ма хизут, уыцы æнамонд адæмæй та исчи куы фæзына... 57
— О Дзæдзæ, ныронг дæр цæуыннæ, фæлæ абонæй •фæстæмæ ды уыдзынæ нæ зæдыхай, нæ ирвæзынгæнæг. Кæд ма йæ фыд фæзына уыцы тугуарæн быдырæй, уæд æй уын дæр зондзæн. Светæ дæ руаджы баззад цæр- тæйæ. — Хетæджы Уастырджийы уазæг уæд Додта, дзæ- бæхæй йæ фснут уæ кæрты. Рахызт уынгмæ. Настя ма йæм фæсте радзырдта: — Лæгтыдзуары уазæг уæд дæ иунæг! Мæ уд йæ фæхъхъау, æмæ йæ иыййарæджы фæндиаг уæд! Дзæдзæ аивæй йæ цæст ахаста уынгыл. Айхъуыста. Немыцаг зынæг никуыцæй ис. Йæ хъуджы бæттæн рай- хæлдта кауы михæй æмæ араст дарддæр хъæуысæрыр- дæм. Уырдыгæй йæ фæнд уыд фаллаг уынгыл æрзилын дæлæмæ. Искæй ма кæд фснид бынæттон цæрджытæй æмæ йæ истæмæйты афæрсид. Кæд, Настя куыд загъта, хъуыддаг æцæг афтæ у, уæд тагъд фæстæмæ — майор- мæ, йæ бпионтæм. Афонмæ чындз йæхи аргæвста мæ- •тæй. Цæмæй зыдта уыцы сахат Дзæдзæ, горæты бынмæ цы тугуарæн хæст бацайдагъ, уый. ...Хадизæт нæ бамбæрста, боны рухс куыд æрбахъуы- зыд уатмæ, уый. Йæ мидфынæймæ йæ хъустыл ауад Дзæдзæйы хъæлæс. Госæйы худын. — Чындз, æрбахæццæ дæн, ды та мын тæрсгæ код- тай. Нæй, дæ рын бахæрон, нæй адзал, æпæ хуыцауы фæпдæй. Табу йе стырдзинадæн. — Нæ бинонтæ, цæй тагъд фездæхтæ, мидæмæ рацу зæгъæг дын дзы нæ фæци?.. — Мæнæ-ма хъугмæ фæкæсут, æз майормæ бауайон, йæ зæрдæ æхсайдзæи... Хаднзæт фестад. Аракæс-бакæс кодта тарстхуызæй. Къулыл ауыгъд сахат авд цæфы ныккодта... 10 Хадизæт бирæ иæ алæууыд Æфсæддоп комиссарады дыууæуæладзпгон хæдзары раз. Уайтагъд Бубула дæр 58
фæзынд. Иуцасдæр алæууыдысты дуары бахизæны асин- тыл уынджы цæуджытæм кæсгæйæ. Бацæуæны бадæг æфсæддоны афарстой, кæмæ сæ цæуыы хъæуы, уый. кæцы ран бады, уымæй, æмæ сын æй ацамыдта. Фæтæн, фæлæ талынггомау тыргъыл баивгъуыдтой рахизырдæм. Хадизæты зæрдæ ноджы тыигдæр сгуыпп-гуыпп кодта. Афæлурс фырадæргæй. Лæппу йæм бакаст æмæ, цы кæныс, Хади, зæгъгæ, куыд сдзырдта, афтæ дуар райгом, æмæ дзы рахызт рæстæмбис кары, тынг бæрзонд бул~ къон. — Кæй агурут? — афарста мад æмæ фырты. — Æвæццæгæн, дæу,— фæрæвдз Бубула. Булкъон баздæхт фæстæмæ. — Табуафси, мидæмæ рацæут,— загъта булкъои % æмæ стъолы уæлхъус æрбадт. Хадизæтæн фенцондæр, булкъон сæм афтæ дзæбæх цæстæй куы ракаст, уæд. — Хъусын уæм. Сбадут, уæ хорзæхæй. — Зæгъинаг ницы стæм, фæлæ мæнæ...— Хадизæт къонверт балæвæрдта булкъонмæ.— Сымах... Булкъон гæххæтт фелвæста, акаст æй æмæ хъæлН дзæгхуызæй фестад: — А-а, уый ды дæ? Арфæ дын кæнын! — бацыд Ха- дизæты цурмæ æмæ йын йæ къух райста. Хадизæт стгæ дæр не скодта, афтæмæй радта йæ къух æмæ уыцы джихæй каст булкъонмæ. — Уый та дæ лæппу у, æвæццæгæи? — О, мæ- мад у уый,— лæппу фæрæвдз. — Дæуæн дæр арфæ кæнын уæдæ.— Лæппу фестад, фæлæ арфæйы сæр цæуыл у, уый не ’мбары. Булкъон йæ бынатмæ фæстæмæ баздæхт, систа ти* лифоны хæтæл, кæдæмдæр адзырдта: — Алло, капитан! Рахæссут-ма Фрийы-фырты хæр- зиуæг. О... Ам сты. Уъшæ мæхæдæг адзурдзынæн. Рæвдздæр! Ног та булкъон. кæмæдæр фæдзырдта тшшфонæй. 59
Хаднзæты зæрдæ йе ’муд нæма æрцыд, Йæ хъуыдытæ •бынтондæр схæццæ-мæццæ сты. Иуы кæроныл дæр дзы нал хæст кæны. — Ахуыр та кæм кæныс? — афарста булкъои лæп- нуйы. — Псдинституты... Кабинетмæ æрбахызт, йæ азтæм гæсгæ булкъонæй .æрыгондæр чи нæ уыд, фæлæ асæй уымæ хæстæг бæр- зондгомау капитан. «Æгас цæут!» — загъта маД æмæ фыртæн, стæй кæй æрбахаста, уыдон булкъонмæ радта, йæхæдæг иуварс • алæууыд. Булкъон сæм æркæстытæ тсодта, стæй сыстад. Хадизæты размæ бацыд. Бубула йæ «бынатæй фæгæпп ласта æмæ ныккаст булкъоимæ. Слæу- уыд мад дæр. — Хадизæт Иналуковнæ! — райдыдта булкъон уæз- бын, æнкъардхуызæй.— Дæ лæг райгуырæн бæсты сæ- раппонд фæмард хъæбатырæй. Курын æмæ райсут, лæвæрд ын чи нал æрцыд йæ удæгасæй, уыцы хицауа- дон хæрзиуæг — Фыдыбæстæйы хæсты орден.— Йæ къухы орден, афтæмæй пæ бадаргъ кодта Хадизæтмæ, Хадизæт райста хæрзиуæг, фæлæ дзуапп раттынмæ нал арæхст. Æрмæст цæстыты дон ферттывта æмæ был- тæ хнвæнд змæлд байдыдтой. Мадмæ кæсгæйæ Бубулайæп дæр фырцннæй йæ зæр- дæ фæцæйуынгæг кодта, фæлæ пæхиуыл фæхæцыд æмæ бадзырдта мадырдæм: — Хади, нæ хъæуы, худинаг у... — Бузныг... Стыр бузныг...— загъта Хадизæт, бул- къон йæ ныхас куы фæцис, уæд. — Хадизæт Иналуковнæ, дæ зæрдæ ма уынгæг кæ- нæд. Цин хъуамæ кæнай, ахæм лæгу ахæм цардæмбал кæмæн уыдис. Бурула йæхи мадæй фæрæвдздæр кодта. Бацыд бул- къоны цурмæ, бæласы цъупмæ кæсæгау æм скаст æмæ зæгъы: — .Æмбал булкъоп, стыр бузпыг. Мæ фыд ма æга- 60
сæй дæр райста хæрзиуджытæ. Йе ’мбæлттæ нæм сæ сæр’выстой: Мах сæрыстыр уыдыстæм кæддæриддæр уы- донæй, уæлдайдæр, кæй номыл сты, уымæй. Ныр та но- джы æхсызгондæйраг у, уал азы фæстæ ахæм кадджьш хæрзиуæг йæ хицауы бинонтыл кæй сæмбæлд, уый. — Лæппу,— нал æй суагъта дзурын булкъон,— куыд дæм кæсын, афтæмæй сывæллон нал дæ. Уый хорз у, фæлæ ноджы хуыздæр уыдзæн, ды дæ фыды кад хъахъ- хъæнгæйæ уымæй ноджы домбайдæр æмæ номдзыддæр куы рауайай, уæд. Æмæ дын уый мæ зæрдæ зæгъы. — Арфæ уын кæнып... Мад- æмæ фырт Æфсæддон комиссарады галуанæй куы рахызтысты, уæд иуцасдæр æнæдзургæйæ фæцы- Дысты сæхнрдæм. Хадизæты йæ куыстмæ цæуын нал> хъуыд уыцы бон. Бубула дæр институтмæ цæуыны кой нал скодта. Тигъыл галиуырдæм куы фæзылдысты, уæд фырт иал фæлæууыд æмæ мадмæ дзуры: — Хадн, æри-ма, æркæсон-ма йæм. — Æркæс, æркæс, мæ къона... ...Хадизæт æмæ Бубула сæ фатерьг дуарæй куы ба- хызтысты, уæд мидæггаг уаты къулыл Астемыры къам- мæ ныккастысты дыууæйæ дæр. Ног сæрыстырдзинад гуырд зæрдæты, хъардта уæнгты, кæд хæдзары хицау йæхæдæг æгас нал уыд, уæддæр. Æваст райхъуыст тилифоны дзæнгæрæджы хъæр. Хадизæт фестъæлфæгау кодта. Бубула рæвдз фестад æмæ рауад тыргъмæ, фслвæста тилифопы хæтæл. — Алло, хъусын... Æгас цу... О... Ам ис... Ныртæк- кæ... Нæ, нæ, фæдзурдзынæн æм ныртæккæ.— Æмæ ба« дзырдта йæ мадмæ: — Хади, мæнæ дæм дæ куыстæй дзурынц... — Æмæ чи у? — Кæд ма исты зоныи, уæд уæ ахуырады хайы сæргълæууæг. — Хъусын дæм... О... Æгас цу, Аркади Керимович! Ницы кæны... Æмæ исты æрцыди?.. Уыцы курсы мын 61
райеом’ ис уроктæ... Гъемæ*;хорз,фæцæуын ныртæккæ... 1 — Æз дæр уæдæ институтмæ цæуын,— загльта лæп- пу дæр. ’ — Ацу, ацу, мæ къона. Кæд та ницы æрхъуыды кæ- на Аркади Керимович, уæд тагъд рацæудзынæп. Дыу- уæ урочы йедтæмæ дзы нæй. Мад æмæ фырт фатеры дуарæй иумæ радызтысты. Бубула кæрты кæимæдæр афæстиат, Хадизæт уынгмæ рæвдзгомау рахызт. Цæуæг адæм бирæ уыд уынджы. Фæлæ Хадизæт; ницы уыдта. Йæхи хъуыдытæ та йæ ахастой дард, хæс- ты рæстæджы бонтæм... ...Тъæнджы мæй йæ барты бацыд. Немыцы асырды фæстæ скъола хъуамæ райдыдтаид кусын, фæлæ куы- дæй? Рудзгуытæн сæ фылдæрыл æвгтæ нæй. Нæй, арт цæмæй кæной, уый дæр. Суг цæттæгонд не ’рцыд фæз- зæджы. Хъæусоветы сæрдар Сафирæт ууыл нал уыд^ Ахуыргæнджытæ цалдæр сылгоймагæй, Хадизæт дæр семæ, скъоладзауты æххуысæй кълæсты рудзгуытæ бацъаппытæ кодтой. Фæлæ уæддæр уæттæ æнæ артæй халас сæвæрдтой. Скъолайы ахуыры хайады сæргълæууæг, ацæргæ сылгоймаг Аннæ Павловнæ Глебович иубон йемæ айста Хадизæты, афтæмæй балæууыд хъæусоветы. . — Сафирæт Михайловнæ, скъолайæн ахæм уавæры кусæн нæй. Басыдысты сывæллæттæ. Исты амал нын скæнут сугæн, науæд скъола æхгæнгæ у. — Æмæ уын чи загъта, байгом æй кæнут ахæм уа- вæрты? Цы мын сцъыллинг стут? Нæ уынут бæстæ?.. Хадизæт йæ маст тыххæй урæдта Сафирæты æнæ- хъола ныхæстæм. Фæлæ йын ходыгъд æййæфта, æмæ йæм сдзурын æфсæрмы кодта. . 4 — Скъоладзау нæ дæ, фæлæ. куыннæ ’мбæрстай, цы хъæуы, уый. Ивгъуыд фæззæджы уæддæр куы ’рласын кодтаиккат суг... — Æмæ къуырма уыдыстут æви куырм? Нæ уыдтат 62
хæсты арты сыгъд? Уæхи ахуыргæнджытæ куььхонут... — Сафирæт! — нал баурæдта йæхи Хадизæт.— Баха- тыр кæн, фæлæ æппындæр раст нæ дæ. — Æмæ дæу та чи фæрсы? Дæ кæрддзæмы цæуыл- нæ лæууыс? — Алкæмæн дæр æмбæлы йæ кæрддзæмы уæвын,— фелхыскъ æн кодта Хадизæт,— науæд згæ кæны, уы- мæлад æм куы хъара, уæд. Сафпрæт нæ бамбæрста Хадизæты ныхасы дæлгом- мæ хъуыды. — Цæугæут æмæ уæ куыст кæнут. Æиæ сымах дæр зонын, цй мæ кæнын хъæуы, уый... Дыккаг бон Хадизæт (йс ’фсинæн дæр ницы загъта, куы нæ мæ ауадза, зæгъгæ) цалдæр лæппу æмæ чыз- гимæ Фиййаджы пыхсмæ (хъæуы сæрмæ цъыхыры бы- ’дыр афтæ хуыдтой) суг ласынмæ ацыди. Чызг ма куы уыд, уæд-иу Елхоты дæр æрцавта суг лæгуæрдонæйч «Куыстытæн алчидæр ахсджиаг у, æмæ йæм кæддæрид- дæр кæсын дæр ахсджиаг цæстæп хъæуы»,— афтæ йæ ахуыр кодтой йæ ныййарджытæ. Фпййаджы пыхсы уыцы уазал æмæ арф миты цас сæ бон уыднс æнахъом лæппутæ æмæ чызджытæн. Фæ- лæ уæддæр архайдтой. Хадизæт арт фестад. Лæппутæй кæмæн къалиутæ цæгъдын кодта, чн сæ сугтæ уæрдæт*< ты размæ ласта, ^ызджытæ та сæ гуыффæты аив ама-\ дæй æвæрдтой. — Мæ фæстæ Бедзе, Кита æмæ Таму къалиутæ æх- сæдæпт,—бацамыдта Хаднзæт,—Гибус æмæ Гасан та сугтæ ласæнт. — Хаднзæт Иналуковнæ, уадз æмæ чызджытæ æх- сæдгæ кæной къалиутæ, æз та мæ джндæйæ цæгъдгæ! кæндзынæн,— зæгъы Кита. — Кита, уæдæмæ-ма ды хус къалиутæ рамбырд кæн æмæ сыл бандзар. Уазал чи кæна, уый-пу йæхи атав- дзæн артмæ. — Хъусут-ма, сывæллæттæ! — фæкодта Хадизæт. 63
Куыддæрæм æнаивдæр-ма фæкаст йæ ныхас. Скъола- йæн суг ласынмæ чи рацыд, уыдрн — сывæллæттæ!.. Фæ- лæ сæм уæдæ куыд хъуамæ сдзура? — Царды мидæг алы куыст дæр ахсджиагу. Чи суг ласы, чи арт кæны, чи картоф садзы, чи мæнæу тауы, чи хæдзæрттæ аразы, чи театры хъазы, чи — кæм, чи — кæм... Фиййаджы пыхсы ставд яемæ бæрзонд бæлас не ссардтаис. Фæлæ дзы альи^ызоп хъæды мыггаг дæр уыд: тулдз, æхсæр, фатхъæд, сывылдз, тæгæр, уисхъæд, сусхъæд, хæрис æмæ дзы цы нæ уыд. Хадизæт фæлтæрдджын хъæддзауау ставддæр æмæ бæрзонддæр бæлæстыл зылд, æмæ цыма гæнгæлыйьг зæнгтæ уыдысты, — иу иннæйы фæдыл сæ фæлдæхта* Йæ фæстæ скъоладзаутæ куы бавнæлдтой, уæд сæ дзу- рынмæ дæр нал æвдæлд. Кита дæр стырындз. Æгæр куы бафæллайой сывæллæттæ, зæгъгæ, Хади- зæт йæ куыст фæуагъта, æхсæдынмæ фæкаст лæппутæм, стæй сæ арты размæ бахуыдта. — Рауайут-ма уал, мæ хуртæ, ардæм. Алæуут, Кита? арты алыварс.—Йемæ цы чъиритæ рахаста, уыдон æр- дихтæ кодта æмæ сæ сывæллæттыл айуæрста. Ахордтой, сæ фæллад суагътой. — Цæй, æгъгъæд уал фæуæд. Иу æвнæлд-ма фæкæ- нæм, æмæ уæд нæ ных хъæумæ сараздзыстæм,— загъта та Хадизæт æмæ йæ фæрæт фелвæста. Рæвдздæр фæлæбурдта алчи йæ куыстмæ, сахат дæр нæ рацыд, афтæ лæгуæрдæтты ■ æртæ цæды рауырдыг кодтой хъæуырдæм. ...Къаххидыл куыд фæцæйуад Хадизæт Терчы еæр- ты ахæм хъуыдытимæ, афтæ- Дзеттайыл хæрхæмбæлд •фæцис. — Кæдæм дугъ кæныс уый æнæ саргъыбæхæй? — А, а... Æмæ ды ацырдыгæй куы нæ цæрыс, уæд кæдæм цæуыс? — Ау, æмæ кæмæ цæуон ацырдæм, ахæм дæр дзы нæй? €[4
— Чи дын дзы ис? •— Ды дæр дзы нæ дæ? — Цæй, хорз. Æз тагъд кæнын. Аркади Керимович мæм æрбадзырдта, ахуыргæнджытæй, дам, чидæртæ сæ куысты не сты, æмæ уыдрнæй иуы бæсты бакус... — Æмæ та дæуæй хæ^егдæр никæй ссардта Арка- ди Керимович, йæ мард ын фенай... Цы бадæ, цы, дæ хæстон комиссарадимæ та? ч — Акса-ма, бастъæлон уæвгæйæ дæр. Куыд ницы дын дзурын. Астейы орден райстой æмæ мæм уый тых- хæй дзырдтой. — Цытæ дзурыс?! Ды та дæхи æргæвстай алыхуы- зон æбуалгъ хъуыдытæй. Арфæ дын кæнын. — Арфæ. Иæхæдæг ма куы фæзындаид фæлтау æнæ къæхтæ æмæ æнæ къухтæй дæр. — Иунæг ды нæ дæ, Хади, ахæм. Цин хъуамæ кæ^ най. Æгадæй нæ фесæфт Асте, йæ кад йемæ нæ ахаста... II Боныхъæд суанг изæрмæ уыцы иухуызон ахаста. Хус уæлдæф. Ирд, сыгъдæг арвы астæуæй искуы-иу стъалы ферттив-ферттив кодта. Адæмы змæлд уынгты’ зынгæ фæкъаддæр. Электрон цырæгътæ ссыгъдысты куы иу ран, куы иннæ ран. Дымгæйы сатæг уддзæф. æнуд боны фæстæ адæймаджы рæвдауынмæ йæхи хъардта. Хадизæт æмæ Бубула сæ фатеры иунæгæй бадтысты стъолы уæлхъус. Дзетта сæм нæ фæзынд уыцы изæр, кæд æйХадизæтзæрдиагæй хуыдта æмæ йæм æнхъæлмæ каст, уæддæр. Æмæ ныр Астемыры писмотæ æмæ лыс- тæг дзаумæтты тыхтон куы райхæлдтой, уæд, кæй зæ- гъын æй хъæуы, Дзетта айрох. Цал æмæ цал хатты бакаст Хадизæт йæ зынгхуыст къайы писмотæ, цал æмæ йын цал хатты систа йæ хæрзиуджытæ, фæлæ сæм ныр дæр та афтæ цымыдис, 3 Хадизæты амонд 65
афтæ фæлмæн, зæрдæбынæй каст, цыма сæ фыццаг хатт уыдта. Бынтон диссагхуызæй та сæм Бубула æвнæлдта. Иуахæмы Бубула æнахуыр цинхуызæй фестад, йæ къухы тарбын зæронд газеты скъуыддзаг, æмæ афтæ: — Хади, æз ацы къам федтон Бакуйы... Чехослова- каг туристтæм. Чи сты адон? Кæцæй æрбахаудта ар- дæм ацы газеты гæппæл?!. — Уым дæ фыды тыххæй фыссынц... Фæсарæйнаг хæстоны куыд фервæзын кодтой, уый дзы... — Чехословакаджы,— лæппу нал суагъта дзурын мады. — Æнхъæлд&н. Æмæ уым диссагæй цы ис, мæ къо- на? Хæсты цы нæ вæййы,— фæлыг кодта мад фырты ны- хас.—Асте йæхи хуызæн нæу зæгъинаг дæ, Бубу? Уый раст у. Æз дæр æй фыццаг æркастæн нæ базыдтон... — Афтæ æнхъæлдтон, æдзухдæр уæлæ,— ацамыдта фæсмонгæнæгау къулмæ,— ахæм уыд Асте. — Ахæм уыд, мæ къона, дæ фыд, стæй уыдаид, æвæццæгæн, абон дæр. Æнæдастæй уый уынгмæ никуы рахызт... — Уыцы чехословакаг Астейы агуырдта, уый зоныс, Хади? — Кæцæй ма йæ агуырдта? — не ’мбары фырты ны- хас мад. — Уыдон ын... афтæ æнхъæл сты, Асте æгас у. Æмæ, дам, йæ фенынмæ йæ былыцъæрттæ хæры... Хадизæт ныронг ницæмæ æрдардта фырты ныхас, куыддæр æм нæ хъардта, фæлæ йæ ныр æвиппайды афарста: — Фæлæуу-ма, фæлæуу, Бубу. Цы ныхæстæ кæныс? Чи йын у æгас æнхъæл?.. Чи хæры йæ былыцъæрттæ?.. Бубула фембæрста, сæрæй бынмæ ракодта хабæрт- тæ:' кæуыл фембæлд Бакуйы, куыд бацин кодта чызг Бубулайыл, ирон у, уый куы базыдта, уæд. Куыд æм равдыста къам, куыд æхсызгонæй агуырдтой ирон лæг Сашæйы... 66
— Фæлæ сын мæ бон ницы бацис баххуыс кæнынæн. Астейы нæ базыдтон. Сæ адрис дæр ма мæм радтой... Кæд, дам, искуы, — цы нæ вæййы, — амбæлай Са- шæйыл, кæнæ дзы исты æрыхъусай, уæд нæм-иу фæ- хабар кæн... Газеты гæппæлыл къамы бынмæ уыд чысыл уац- хъуыд: «Тугæй фидаргонд хæлардзинад». Сырх Æфса- ды къамандир, ирон лæппу, гвардийы хистæр лейтенант Фрийы-фырт чысыл сгарæг къорды сæргъы уæвгæйæ стыр тас уавæрты куыд фервæзын кодта чехословакаг салдат Иржи Жабчикы уацарæй. ...Мин фарастсæдæ цыппор æртыккæгæм аз, æрæг- вæззæг. Мит салд зæххыл йæхи æруагъта. Хæсты æвир- хъау гуыппытæ æмæ цæлхъыты уынæр бынтон мынæг нæма бацис, фæлæ иуцасдæр фæсабыр уыцы бонты. Иубон, изæрдалынгтæм æввахс мит фæлдзæгъдæн хаста, дымгæ цæстыхуынчъытæ къахта, буары иннæр- дæм хызт. Æртæ-цыппар санчъехæй дарддæрмæ адæй- маг адæймаджы нæ уыдта. Ахæм рæстæг тæккæ хуыз- дæр фадат уыдис «æвзаг» самал кæнынæн. Дæлвæзты-уæлвæзты æвæрд хъæу. Ранæй-рæтты къардиутæ. Уынг бæрæг дæр дзы нæй. Хæдзæрттæ—æнæ- пълан æвæрд. Хъæуы æрбынат кодтой цалдæр сырхæфсæддон хайы дарддæр абырсыны агъоммæ. Фистæг æфсад, танкист- тæ æмæ артиллеристтæ. Фистæг æфсæддон хайы уыд чехословакæгты ротæ дæр. Бирæ фæстиатгæнинаг кæй нæ уыдысты хъæуы, уы- мæ гæсгæ биноныг бастдзинад аразыныл не схæцыдыс- ты. Уыцы изæр иуафон Астемырмæ фæдзырдтой полчъы штабмæ. — Æмбал гвардийы хистæр лейтенант, ды дæ арæх- стджын æмæ ныфсхаст сгарæг,— райдыдта штабы хи- цау.— Зоныс немыцаг æвзаг бахъуаджы фаг. Æвзаг 67
агурæг ацæуынæн та, уыныс æй дæхæдæг, хуыздæр рæс- тæгæн æрхъуыдыгæнæн дæр нæй. — Æмбал гвардийы майор, бамбæрстон дæ. Æз цæттæ дæн дæ бардзырд баххæст кæнынмæ! — Гъемæ тынг хорз. Дыууæ æмбалæй фылдæр дæ нæ хъæуы. Немыцаг дарæс, хæцæнгæрзтæ... — Ис алцыдæр,— загъта Астемыр. — Æмбал гвардийы майор!—зæгъы майоры орди- нарец сержант Остап Радеуцкий.— Бар мын ратт гвар- дийы хистæр лейтенантимæ ацуан кæнынæн. Ацы бы- нæттæ æз хорз зонын. Майор æм дисгæнæгау бакаст. Сержант æй фембæрста æмæ ног фæцырд: — Æз дæр зонын немыцагау. Стæй... Хи аирхæфсын дæр хъæуы. — Куыд дæм кæсы, Фрийы-фырт, сержанты кур- диат? —Йæ ныхас ныфсхаст у. Æз уарзын сæрæн, зæр- дæйæ домбай адæймæгты. Стæй кæд ардыгон бынæтты искуы уыд... — Нæ дæ фæкъæмдзæстыг кæндзынæн, æмбал гвар- дийы хистæр лейтенант. Ауадзут мæ уемæ. Шофырæй куыстон ацы районы, æмæ... — Хорз. Иу æмбал-ма ссарут,— загъта майоо Асте- мырмæ бакæсгæйæ,— æмæ уæ куыст кæнут. Фæсæм- бисæхсæв уæм дыууæ сахатмæ æнхъæлмæ кæсдзынæн. Астемыр Остапимæ штабæй рацыд. Æрталынг бын- тон. Рæстæджы хъæд уыцы æнæивгæ хаста. Фæндагыл цæуын ноджы фæзындæр. Чехословакаг ротæйы къамандир цы сырхæфсæддон хаймæ хауд, уый штабмæ бастдзинад дарыны тыххæй рарвыста салдат Иржи Жабчикы, фæлæ салдат штаб- мæ нæ бахæццæ. Æвирхъау боныхъæд æмæ æхсæвы[ тар. Иржи фæдзæгъæл. Арæдыд, дыууæ километры бæрц немыц цы хъæуы лæууыдысты, раст уыцырдæм. Иæхи къахæй æнæнхъæлæджы бахауд немыцы «æв- 68
заг» агурджытæм. Бæргæ ма фæхъæр кодта, куы сæ ба- зыдта, уæд, фæлæ йын æртæ немыцаджы йæ дзых ах- гæдтой. Абастой йын йæ къухтæ, уырыссаг нæу, уый дæр нæ базыдтой, афтæмæй, æмæ йæ сæ разæй айстой... ...Астемыр, Остап æмæ Гиви, немыцы æфсæдтæ цы хъæуы уыдысты, уырдæм тыхамæлттæй куы бахæццæ сты æнæцъист, æнæхъистæй, уæд иуцасдæр ныхъхъуыс- той. Змæлæг нæй, уынæр никуыцæй хъуыст. Æрмæст иу ранæй гæзæмæ рухсы цъыртт зына-нæзына ферттив- ферттив кодта. — Уыцы рухсмæ цæуæм. Уым «сырдæн», æнæ уæв- гæ нæй,— загъта Астемыр æмæ Гивимæ бадзырдта: — Ды цæудзынæ нæ фæд-фæд чысыл фæстæдæр гæрзиф- тонгæй. Мах куыд хæстæгдæр кæнæм, афтæ немыцагау дзурдзыстæм æрдæгхъæлæсæй. Дарддæр хъуыддаг йæ- хæдæг йæхи амондзæн. «Гъей, Уастырджи!—сдзырдта йæхинымæр Асте- мыр,— баххуыс та кæн ацы хатт дæр!» — æмæ хъавгæ араст æвæд миты. Йе ’мбæлттæ — йæ фæстæ. Рухсы цъыртт кæцæй цыд, уый сæм куыд хæстæг’ каст, афтæ нæ разынд. Ауадысты ма иудзæвгар, схæ- цыдысты ныхас кæныныл немыцагау. Немыцæгтæй иу рахызт. Афæлгæсьщ алырдæм. Йæ хъустыл ауад ныхас. «Æвæццæгæн, «æвзаг» агур чи ацыд, уыдон сты»,— ахъуыды кодта хинымæр æмæ фæ- хъæр кодта: — Чи ’рбацæуы?! Æрлæуут! — Къулбадæг, ныллæууын нæ кæн ацы уазалы. Æх- хæст ма нæ хуыссын дæр æркæн митыл,—барджын хъæ- лæсæй дзуапп радта Астемыр йæ цыд нæ фæсабырдæр кæнгæйæ. — А-а, сымах стут? — гуырысхо нал кæны хъахъ- хъæнæг.— Афтæ тагъд... Астемыр фембæрста, кæй æфсон сæм дзуры хъахъ- хъæнæг, уый, æмæ йæ къухтæ йæ синтыл авæргæйæ фæстæмæ адзырдта Остапмæ. 69
— Схуыстытæ мæ кæн размæ, цыма уацайраг дæн, афтæ. Æвæццæгæн, «æвзаг» агурæг арвыстой, æмæ нын уыдон æнхъæл сты. — Размæ, размæ, фосы мыггаг, цалынмæ дыл ав- томат уæле дæлæмæ не ’руагътон, уæдмæ! — Остап схуыстытæгæнгæ фæхъæр кодта Астемырыл. Уæдмæ Остап аивæй адзырдта фæстæмæ: — Гиви, рацу хæстæгдæр, равдздæр! . Хъахъхъæнæг сæ размæ куыд рацæйцыд, афтæ Гиви дæр баййæфта йе ’мбæлтты. — Арфæ уыи кæ...— йæ иыхас æххæстæй нæ фæцис хъахъхъæнæг. Астемыр ыл йæхи уарийау андзæрста’ æмæ йын ахгæдта йæ дзых. Гиви йын йæ къухтæ фæс- тæрдæм куыд абаста, уый дæр нæ бамбæрста. — Æмбал гвардийы хистæр лейтенант,— сусæг хъæ- лæсæй афарста Остап.— Æгъгъæд у, æви ма ноджы- дæр? — Ам лæуут. Æцæг уыцы сырды лæппын ма ныхъ- хъæр кæнæд. Æз ма уæртæ рухсмæ бакæсон: — Хæдмæл ма фæуæд, уыййедтæмæ уынæр не скæн- дзæн. — Уæхæдæг дæр ма змæлут, афтæмæй хъахъхъæнут алырдæм. Гæзæмæ рухсы цъыртт кæцæй зынд, уый фарсмæ рудзынджы фæрссаджы зыхъхъырæй бакаст Астемыр. Уаты, стъолы уæлхъус, бадт цалдæр немыцаг афицеры дыууæ сылгоймагимæ. Сæ цуры хæрд, нозт. Хъæлдзæг ныхас уад Астемыры хъустыл. Уатмæ бахизæнæй,— тыргъгонд уыд, æвæццæгæн,— цыд салдæтты змæлын. — Курт! — райхъуыст афицертæй иуы барджын хъæлæс.— Хъахъхъæнæг ис æдде?.. Акæс-ма кæртмæ, мит ма афтæ архайы уырысæн æххуыс кæныныл, дæл- дзæх фæуой сæ зымæгимæ!.. ’Астемырæн уыцы ныхасмæ йæ зæрдæуы гуыпп-гуыпп ссыд. Цæттæ нæ уыд ахæм фембæлдмæ... Куы бамбара Курт сæ хъахъхъæнæджы хабар, æмæ æваст куы фæфæ- 70
дис кæна, ууыл уыд йæ хъуыды... Йæхи дæр ын афтауц хъæуы немæ. Фæлæ куыд æнæ уынæрæй?..» — хъуыды кæны. ’ «Гъе, Уастырджи, баххуыс-ма кæн ацы хатт дæр»,— сдзырдта та йæхинымæр æмæ къулы æмбуар балæу- уыд. — Размæ цу, æнаккаг... Курты хъус куы ацахста уыцы ныхæстæ, уæд уыцы æнæгуырысхойæ уыдонырдæм цæуыныл фæцис. Уырыс- саг уацайраджы хъуамæ йæхæдæг баппара къарцмæ. Иæ хъахъхъæнæгмæ рацыд бæрæггæнæг, уый дæр дзы айрох. Иæ фæстæ æнæуынæр, аивæй цæуыныл куы фæ- ци Астемыр, уæд уый дæр нæ бафиппайдта Курт. Æга- сæй дæр уыд йæ цинмондаг хъуыдыты уацары — йæ цæстытыл уад, майор æм куыд æхсызгон, разыйы цæс- тæй ракæсдзæн,- уый. — Мæ бар-ма йæ уадз...— йæ ныхас та Куртæн дæр йæ хъуыры фæбадт. Астемыр ын йæ дзых ахгæдта, аф- тæмæй йæ йæ быны анорста миты. Раст уыцы минут Остап йæ къамандиры уæлхъус алæууыд æмæ февнæлд- та æххуыс кæнынмæ. Ныр сæ размæ цæуын хъуыд рæвдз, цалынмæ сæ немыцæгтæ нæ базыдтой, уæдмæ. Уыцы талф-тулфы иудзæвгар рауадысты сæхирдæм. Сæ фæстæ змæлæг нæ уыд. Æрмæст иуафон Астемыр дзыхълæуд фæкодта, фæурæдта йе ’мбæлтты æмæ ныхъ- хъуыста дымгæйы уынæрмæ. Иуварс кæцæйдæр йæ хъустыл ауад немыцаг ныхас. Раздæр æм афтæ фæкаст, цыма сæ фæдыл рафæдис кодтой. Ныхъхъуыстой сегас дæр. Ныхасыхъæд фæдисо- ны хуызæн нæ уыд. Уæд Астемыр фембæрста, кæй ны- хас сæ хъустыл уад, уыдон, æвæццæгæн, сты немыцаг1 «æвзаг» агур цуанæттæ. — Гиви, ды адонмæ кæс,— æваст сдзырдта Асте- мыр.— Остап, ды та мæ фæдыл. Нæй сын ауадзæн сæ- химæ махæй «æвзагимæ». 71
— Æмбал гвардийы хистæр лейтенант,— фæцырд Остап,— сæхи дæр сын айсæм немæ. — Мæхи зæрды дæр афтæ ис, фæлæ цал сты цымæ? Стæй уый дæр æнæуынæрæй кæнын хъæуы. Нырма дард нæма рауадыстæм не знагæй... — Бирæ нæ уыдзысты. — Цасфæнды уæнт, бафæлварын хъæуы,— алыг код- та Астемыр æмæ цæугæ-цæуын немыцагау дзурыныл фæци. Иæ хиндзииады дзæкъулæг скуыста. Немыцæгтæ ныхас куы айхъуыстой, уæд фæхъус сты. Чи зоны, цæ- уыл аджих сты уыцы минут, цæуыл ахъуыды кодтой, кæд сæ бынатмæ æввахс уыдысты, уæддæр? Ацы хатт дæр та йæ нысанмæ куыд æдæрсгæйæ цыд (тæрсгæ та куыннæ кодтаид хинымæр), афтæ та йæ фæндтæ йæ къухы бафтыдысты. Æнæ гуырысхойæ бав- вахс, стæй бынтон баиу немыцаг «æвзагдзаутимæ» æмæ сыл сонтæй фæхъæр кодта автомат сæргъæвгæйæ. — Æнцад! Сдарут уæ къухтæ! Остап, сæ гæрзтæ сын райс, рæвдз! Астемыры архайд афтæ æнæнхъæлæджы æмæ ныфс- джын уыд, æмæ æртæ немыцаджы ницы бамбæрстой, цы ’рцыд, уымæн. Æрмæст цыппæрæм фæцырд. — Æз сымахæй дæн, сымахæй дæн. Чехословакаг* æфсæддон ротæйæ, Иржи Жабчик, фæдзæгъæл дæн; æмæ -афтæмæй бахаудтæн адонмæ. Сымахæй дæн... Уæдмæ Остап немыцæгты гæрзтæ алырдæмыты ныз- зыввыттытæ кодта арф митмæ. Чехословакагмæ дæр нал байхъуыста... «Сымахæй дæн. Мæ автомат. Ныууа- дзут æй»,— дзырдта ма Иржи бæргæ, фæлæ рафæрс- бафæрс æмæ фæстиатæн фадат нæ уыд. Уыцы ныфсхаст, арæхстджын операци æнæрхъуыды- йæ нæ баззад газеты кусджытæй. Уæлдай диссагдæр та’уыд Иржи Жабчик, уацарæй кæй фервæзт, уый. Дыккаг бон æхсæвыцæстæй фронты газеты сæрма- гонд хуызисæг-уацхæссæг Астемыры ныв систа, йе 72
’мбал Радеуцкий æмæ Иржи Жабчикимæ. Цыбыр уац- хъуыд хуымæтæджы къамимæ... ...Утæппæт хъуыддæгтæ цæмæй зыдтой Хадизæт æмæ Бубула уыцы æхсæв Астемыры писмотæ æмæ хæрзиу- джытæм кæсгæйæ. Фæлæ лæппуйы ныхæстæм мады зæр- дæ дæр сцыбæл. Куыдæй фендæуа уыцы чехословака- джы, цы амалæй йæ базындæуа? Кæд исты бæлвырддæр хабæрттæ ракæнид Астейы тыххæй... Кæм фæмард, кæм сау сыджыты бын æмбийы. Æ, тæхуды, кæм ныгæд ис, уый уæд та чи базоны. Афæдз-иу ын иу хатт уæддæр фæцæуид йæ ингæнмæ... Бубулайы цæстыты раз лæууыд Маженæйы цардæ- гас сурæт, йæ хъустыл уад йæ фæлмæн, рæвдаугæ хъæ- лæс, йæ фæстаг дзырдтæ: «Мах дæр уæм кæсдзыстæм æнхъæлмæ...» Уыцы сахат уари куы фестадаид, уæд атахтаид Маженæйы агурæг, ссардтаид æй зæххы скъуыды дæр, æмæ йын загътаид сæрыстыр, сгуыхтхуы- зæй: — Маженæ, сымах кæй агуырдтат, уый мæнæн мæ фыд у. Æрмæст æй æз никуы федтон æгасæй. Æмæ йæ... уыцы къамы... нæ базыдтон... Мæ мад æй уайтагъддæр базыдтаид, фæлæ... Мæ фыд нал сыздæхт хæстæй... Фæ- мард... Фырт цыма бамбæрста мады сагъæссаг хъуыдытæ,— бакаст æм комкоммæ æмæ зæгъы: — Хади, ссарын хъæуы уыцы ’чехословакæгты. Тынг куырдтой... Ацы значок дæр мын мæнæ уыцы лæджы чызг радта,— ацамыдта къаммæ.— Æз дæр ын радтон значок Къостайы нывимæ... — Значоктæ дæр хорз сты, фæлæ сæ куыдæй ссар- дæуа? Чи зоны æмæ исты бæлвырддæр хабар ракæнид уыцы, куыд æй схуыдтай? О, Иржи. Раст сæм райсом ныффыссын хъæуы, адрис дæм куы ис. — Фысгæ цæмæн? Нырма ам уыдзысты... — Бакуйы? 73
— Æнхъæл нæ дæн, фæлæ сæ, чи зоны, мах «Ин^ турист»-ы кусджытæ дæр зондзысты. — Æцæг зæгъыс, Бубу. Хъуамæ сæ зоной... 12 Бубула «Интурист»-ы галуаны къæсæрыл рæвдзго- мау мидæмæ бахызт, асинтыл дыккаг уæладзыгмæ суад, тыргъыл аивæй дыууæрдæм акаст æмæ галиуырдæм ба- цыд. Тыргъы кæрон рæбынозгомау уыд директоры ка- бинет. Бубула дзыхълæуд фæкодта. Лæууы уыцы æго- мыгæй. Сæхицæй цы ныфсимæ рацыд, уый æрбадæл- дзæх. «Чи мæ цы фенхъæл уыдзæн? — ахъуыды кодта хинымæр.— Нæ зæгъдзæн, кæйдæр чызджы агурыныл цы схæцыд уыцы талф-тулфы. Фæстæмæ аздæхынвæнд дæр æм фегуырд. Фæлæ уæдмæ йæ цурты иу хæрзæры- гон, ныллæггомау, аив сылгоймаг бахызт кабинетмæ. Сылгоймаг уайтатъд фæстæмæ фездæхт. Бубулайы цурты фæцæйцыд, стæй æваст фæлæууыд. — Лæппу, цы ныджджых дæ? Кæд хицаумæ æрба- цыдтæ, уæд бахиз мидæмæ. Кæдæмдæр цæуинаг у Мыр- таз Габлаевич. Бубула ма йæ фæдыл иу каст акодта, стæй дуар нæуæндон къуырцц-къуырцц бакодта. Мидæгæй йæм дзурæг нæй. Чысыл ныфсджындæрæй бахоста дыккаг хатт. Ноджы хъæрдæрæй æртыккаг хатт, æмæ йын «ми- дæмæ» зæгъæг кæд нæ уыд, уæддæр дуар сындæггай базыхъхъыр кодта. — Мидæмæ,— райхъуыст нæлгоймаджы барджын хъæлæс. Бубула бахызт. — Цы зæгъдзынæ? — афарста æрæджиау, стъолы уæлхъус чи бадт, уый. Саулагъз, тæнæгбыл, фæтæнæр- фьп1'. Сау бæзджын сæрыхъуынты искуы-иу урс фæзынд. Йæ мæллæг уадултæ цыма барæй ахуырст сты,— сырх- хъулон дарынц. 74
— Мæн хъæуы, мæн фæнды зонын... — Цы? Цы дæ фæнды зонын? Дзур. — Кæм хъуамæ уой ныртæккæ чехословакаг турист- тæ? — Æмæ дæ цæмæн хъæуынц, кæй дзы зоныс?.. Бубула цы загътаид, кæй дзы зыдта? — Зонгæ дзы никæй кæнын, фæлæ мæ уæддæр тынг æхсызгон хъæуынц. Кæд сæ зонут, кæм сты ныртæккæ, уый, уæд... — Дæ мыггаг та кæмæй у? — дзурын нал суагъта лæппуйы Мыртаз. — Фриатæй. — Фриатæй кæй лæппу дæ? — Астемыры, — сæрыстырхуызæй загъта Бубула. — Уæдæ Астемыры лæппу дæн, зæгъыс, нæ? Асте^ мыр... Астемыр Фриаты... Нæ хъуыды кæнын ахæмы... — Ды йæ хъуамæ ма зонай,— зæгъы фæлмæнæй Бу- була. — Ау, æмæ кæм кусы?.. Æз кæй нæ зонын, уый... ; Бубулайæн цыма исчи йæ уадул ныдздзæхст ласта, афтæ хъыг æм фæкаст уыцы фарст. Уымæй афтæ æмæ алчидæр зоны, йæ фыд хæсты цæхæры кæй басыгъд, уый, æмæ цæхгæрæй афтæ: — Никуы. — Пенсиисæг у? — Нæу. — Ау, уæдæ цы мигæнæг у, кæд кусгæ нæ кæны, пен- си нæ исы, уæд? — Æз мæ мадимæ цæрын, м„æ фыд хæстæй нал раз- дæхт... Мыртаз æппæты фыццаг цæуыл фæгуырысхо, уый йæ ныр бынтондæр уырнын байдыдта. — Æ-а-а! Уый æндæр хъуыддаг у... — Мæ фыд мард фæцис,— фæцырд та лæппу. — Æмæ дæ мад та чи у, кæм кусы? — къахы Мыр- 75
таз, лæппуйы æрбацыды сæр нæ бамбæрста, афтæмæй. — Мæ мад ахуыргæнæг у. — Уæдæ дæ чехословакаг туристтæ хъæуынц, никæ- йы дзы зоныс, афтæмæй? — Иу мæ дзы тынг æхсызгон хъæуы. — Гъемæ хорз. Уыцы иуы ссарынæн дын æз фех- хуыс кæндзынæн. Æрмæст абон нæ. Адзурын хъæуы... Кæдæмдæрты. Райсом-иу дыууадæс сахатыл æрбауай. — Бахатыр кæн, кæд... — Ницы кæны, ницы. Фæндараст. «Цæмæн бахъуыд ацы сывæллоны фæсарæйнæгты агурыны сæр. Æвæццæ- гæн æй сæхæдæг агурынц... Цы нæ вæййы... Къæрц- хъусдзинад та уæддæр никуы бахъыгдардзæн»,— афтæ хъуыдыгæнгæ Мыртазæй, кæдæм цæуинаг уыд, уый дæр айрох. Систа тилифоны хæтæл. — Алло! Дзуры «Интурист»-ы директор Сокайы- фырт. Бахатыр кæнут, фæлæ цыдæр хъуыддагыл сæм- бæлдтæн, æмæ йæм сымах дæр уæ хъус куы фæдарик- кат, уæд иттæг хорз уаид. Гуырысхойаг мæм кæсы. — Табуафси, дзур бæлвырддæр,— райхъуыст хæтæ- лæй. — Хорз,— загъта Мыртаз æмæ хабар сæрæй бынмæ куыд уыд, уый радзырдта. — Кусут, зæрдæ йыи куыд бавæрдтат, афтæ. Мах дæр, цы хъæуа, уый кæндзыстæм. Дыккаг бон райсомы дæс сахатмæ æдасдзинад хъахъхъæнынады кусæг Харитонов фæсидт Бубуламæ. Мад æмæ фырт æцæг тарст ныр фæкодтой. Æфсæд- дон комиссарад ма уæддæр, гъа,— Астемыр хæстон службæйы уыд. Фæлæ Паддзахадон Æдасдзинад Хъахъ- хъæнынады Комитет?.. Уал азы фæстæ йын знон йæ хæрзиуæг райстой... Фæлæ дзæгъæл хуымæтæджы кæй нæ (Дзурынц Бубуламæ, уый мадæн уыд æнæгуырысхо- йаг. Гъе, æрмæст!.. Мад аст сахатмæ аивгъуыдта йæ куыстмæ, фæлæ цы зæрдæимæ? Уæддæр ма фыртæн бафæдзæхста: 76
— Куыддæр уыцы хæдзары къæсæрæй рахизай, аф- тæ-иу мæм искуыцæй æрбадзур. — Ма тыхс, Хади, æз дæм згъоргæ дæр бакæндзы- на&н. Стæй... ^ — Нæ зонын, нæ, мæ къона. Кæмæ цы кæсы, уый ничи зоны. \ — Омæ мæц цы хъуамæ кæса, Хади? Кæмæй цы ах- хосджын фестæц? — Дуæрттæ-иу дæ фæстæ дзæбæх сæхгæн,— æндæр ницыуал сдзырдта мад, афтæмæй дуары æдде фæци. Иуцасдæры фæстæ Бубула куы рацыд сæ фæтерæй, уæд къæсæрæй рахйзæны мидæгырдыгæй сæ посты лагъ- зæй газет систа. Уый йæ къухы, афтæмæй рахызт кæрт- мæ, æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд æфсæддон комисса- ры ныхас. Райхæлдта газет æмæ дзы агурын райдыдта йæ фыды хæрзиуæджы хабар... Зæрдæ цины гуыппч гуыпп скодта. Газеты æртыккаг фарсы уæллаг галиу къуымы ауыдта хæрзцыбыр уацхъуыд: «Бинонтæ райс- той фыды хæрзиуæг». Тагъд-тагъд æй акаст æмæ рæвдз араст йæ фæндагыл. Фыдæй сæрыстырдзинад æхсызго- нæй ахъардта уæнгты. Æдасдзинад Хъахъхъæныны Комитеты бахизæн дуары мидæгæй куы фæци, уæд æй уым иу лæг афарста^ «Фрийы-фырт?» — О, Фрийы-фырт... — Дæ паспорт. — Æмæ паспорт нæ рахастон мемæ. Нæ зыдтон^ хъæудзæн, уый. — Уæдæ цæмæй бæрæг у, ды Фрийы-фырт дæ, уый? — Нæ зонын,.. 0, мæнæ ме студенты билет къами- мæ. — Æри-ма йæ. Райста йæ, æркæстытæ йæм кодта. — Уартæ уыцы асинтыл схиздзынæ æртыккаг уæла- дзыгмæ. Тыргъы фæзилдзынæ галиуырдæм æмæ рахиз- фарсырдыгæй бахиздзынæ дыккаг дуарыл. Бубула ахæм ран никуыма уыд. Цæмæдæр гæсгаё 77
æдас нæ уыд знонæй нырмæ. Æрмæст Астемыры тых- хæй кæм фыстой, уыцы газет йæ къухы кæй уыд, уый йын цыдæр ныфс лæвæрдта. Харитоновы кабинеты дуар бахойон ку’ыд загът^а, афтæ уый йæхæдæг йæ размæ фæцис, / — А-а, Фрийы-фырт. Мидæмæ рахиз. Æз дын исты уæйыгдзаст æнхъæл куы уыдтæн, æмæ дц нырма...—йæ хъуыды нал загъта кæронмæ. Æрбадт /фæстæмæ стъо- лы уæлхъус æмæ йæм ныккаст комкоммæ. Лæппу афтæ бамбæрста, цыма йын «дæ бон хорз» кæй нæ загъта,! уымæн æм афтæ æдзынæг кæсы. — Бахатыр кæн, дæ бон хорз дæр дын нæ загътон. — Уый ницы кæпы. Æз тæргайгæнаг нæ дæн. Сбад. Бубула Харитоновы комкоммæ æрбадт. — Чехословакийы никуы уыдаис, кæй зæгъын æй хъæуы,— райдыдта Харитонов. — Никуы. Стæй дзы куыдæй хъуамæ балæууы- даин?.. — Æмæ дын дзы зонгæтæ дæр нæй? — Цавæр зонгæтæ? А-а.— Йæ зæрдыл æрбалæууыд зноны ныхас «Интурист»-ы хицауимæ.— Уыдон... Мах нæ зонæм кæрæдзи. Фыццаг хатт фембæлдыстæм. — Кæимæ фембæлдыстут фыццаг хатт, цæй тыххæй? — Афтæ æнæуи. Фембæлдыстæм. Æз цæмæй зыдтон, ироны агурынц, уый. Фæлæ куы базыдтой... — Цы базыдтой? — Æз ирон дæн, уый... Æмæ бацин кодтой. — Цæмæн, цы ’фсонæн? — Нæ зонын... Мæ фыды, кæнæ йæ бинонтæй искæй агуырдтой. — Фæлæуу, фæлæуу. Æмæ дæ куыд базыдтой, ды чи дæ, уый? — Æмæ уыдон уый нæ базыдтой. Æз мæхæдæг дæр нæ баз’ыдтон мæ фыды. — Нæ базыдтай, зæгъыс, дæ фыды? — Харитонов бынтондæр сцымыдис. Иугæр лæппу йæ фыды нал ба- 78
зыдта, уæд уый хуымæтæджы нæу. Кæрæдзи нæ уы- нынц. Ныр аивæй агуры йæ бинонты... — Æз æй уыцы хуызæнæй никуы федтон... — Æмæхиæ кæм хъуамæ федтаис? \ — Нæхимæ. Харитоновь^ дисæн бынтондæр нал уыд кæрон. — Уæдæ д& фыды нал базыдтай, зæгъыс, нæ?.. — Уыцы къам никуы федтон... — Æмæ йыА йæ къамæй цы кæныс йæхи раз? — ИæхæдæЛкуы уаид, бæргæ, фæлæ... — Фæлæ цы?\йæ фыды нæ базыдта, никуы йæ фед- та. Дзæгъæл дзæн^æда.—Зæгъ-ма» дæ фыд кæм цæры?.. Уыцы цæхгæр фарстæй куыддæр фæцис Бубула. Йæ цæсгом афæлурс. \ Кæм ма мын цæрын кæнут мæ фыды, зæгъгæ, куыд сцæйдзырдта, афтæ йын цыма исчи йæ хъусы ба- дзырдта: фембæрстаДХаритонов ын йæ фыды мард кæй нæ зоны, уый. Цæсгрм сырххъулон ацис, æмæ фестад йæ бынатæй. ^ — Цы хабар у?!—’афарста Харитонов. ’* — Ницы! Знон дæ^) ма мæ къуымы афтæ бакодтой «Интурист»-ы мæ фыдæй. Ныр та ам дæр. Цæмæн мæм фæсидтыстут, уый нæ ^зурут. Фæлæ мæ фыды нал уа- дзут иу ран... Гъа, мæкæ уын мæ фыды адрис,— газет бадаргъ кодта Харитоновмæ.— Бакæсут уацхъуыд. «Би- нонтæ райстой фыды хæрзиуæг». — Уый æз кастæн, æнхъæлдæн, фæлæ... Фыды хæр* зиуæг сымах райстат? — О, мæ мадимæ. Йæхæдæг ма æгасæй кæй райста, уыдон та нæм уыйразмæ йе ’мбæлттæ сæрвыстой.. — Сокайы-фырт? Харитонов дæн. Знон мæм кæй тых- хæй дзырдтат... О, Фрийы-фырт, уымæфæкæсын хъæуй. Ныртæккæ дæм бауайдзæн... Куыд, куыд? Аивгъуыдтой Ташкентмæ. Уæууа!.. Æмæ уырдыгæй та кæдæм у сæ фæндаг? Нæ зонут... Омæ ницы кæны. Хæрзбон. Харитоновы ныхасæй Бубула бамбæрста, йæ фыдæ- 79
-бæттæ дзæгъæлы фесты, уый æмæ фырмæстæй йе уæкг- тæ æрызгъæлдысты, нынкъард. — Куыд диссаг у,— загъта Харитонов ’ Бубуламæ кæсгæйæ тæригъæдгæнæгау.—Уыцы хуымæ/æджы къам, чи зоны, мæ царды сæрæвæрæн фæуыдзген. Куыд )ра- дзырдтай, афтæмæй æвзæр адæм не сты. Йæ фыды тых- хæй ног бæлвырддзинæдтæ базондзыстут/. — Чи зоны! — зæгъы Бубула. / Бубула куы фæцæйцыд, уæд ма йæ/1 Харитонов фæ- дзырдта: / — О, кæд дæ махæй исты æххуыс р>æуа, уæд-иу мæм фæхабар кæн. Æцæг — афоныл. — Бузныг! ...Мад æмæ фырт тыргъы ф — Аивгъуыдтой,— уыдис йæ < йæн.— Ницыуал дзы рауад. — Чи аивгъуыдта, кæмæй ницй рауад? — Маженæитæ! ( — Уыдон аивгъуийæнт, фæлæ дын дæхимæ цæмæг дзырдтой? I — Нæ зонын. Уæвгæ мæ уыдонæй дæр фарстой, стæй Астейæ дæр. — Æвæццæгæн, истæуыл гуырысхо кодтой... . » — Харитонов мын загъта, нйффысс, дам, сæм тæккæ абон. Стæй, дам, дæ æххуыс куы хъæуа, уæд, дам-иу^ мæм хабар кæн. — Гъемæ йæ цæрæнбон бирæ уæд, мæ къона. Ныф- фысс сæм. Майдыма дын дæ фыды ингæн кæм ис, уый уæддæр бацамониккой. Райхъуыст дзæнгæрæджы зыланг. — Цу уал, мæ къона, лекцитæм. Ныр дзы цал фæ- цух кодтай. Æз дæр урокмæ æрæджы кæнын. Мад бараст къласмæ, фырт раивгъуыдта институт- мæ. емрæлдысты. фыццаг ньщас Бубула- 80
13 Аивгъуыдтой чехæгтæ. Æрмæст сæ фæд баззад Бу- булайы æрьшш, æвæлтæрд зæрдæйы. Нырма уал уæ- лæнгай, фæлак уæддæр хъæдгомæй. Лæппумæ кæд афтæ каст, цыма йæ\мады фæндон æххæст кæны æмæ уымæн агуры фæсарæикаг туристты, зæгъгæ, уæддæр уый раст нæ уыд. Йæхæдæг дæр нæма æмбæрста æцæгдзинад бæлвырд, афтæмæй Маженæ уыд сæйраг æнхъизæн. Зæрдæйы артдзæсъы фыццаг зынг... Гъæй-джиди, адæймаг куы уынид йæ цардвæндап дардмæ æмæ-иу куь1 зонид кæнæ куы ’мбарид, кæцы дзыхъхъы кæнæ къу|ыбырыл лæууы йæ амонд. Уæд æм- иу удуæлдай бырстдæнгæ саразид комкоммæ йæ ных. Фæлæ цы загъдæуа: ц$рд мæйдар æхсæвау у. ...Фæстæмæ фæкæс-’фæкæсгæнгæ ахызт Маженæ дæр паддзахадон арæныл. Дфтæ йæм каст, цыма Бубула сæ фæдыл гурæй-гурмæ уа#ы, æмæ иуахæмы æваст, æнæн- хъæлæджы сæ фарсмæ \ февзæрдзæн. Цы диссаг уаид, æвæдза, уый. Фæлæ фæндтæ æмæ сæнттæй цы пайда ис... . \ ...Бубула цалдæр фæлтæрæны скодта фыссыныл, фæ- лæ йын дзы иу хатт дæр ницы рауад. Фæндыдис æй тагъддæр фехъусын кæнын, цы ирон лæджы агуырдтой, уый кæй ссардта, стæй канд аргæ нæ, фæлæ йæ фыд кæй разынд. Фæлæ-иу Маженæ йæ цæстытыл куы ауад,: йæ фæлмæн цъæхснаг хъæлæс-иу хъустæ куы ацахстой,- уæд-иу йæ хъуыдытæ схæццæ-мæццæ сты. Фæлæ ныффыссын хъуыд, цыдæриддæр уыд, уæд- дæр. Мады дæр афтæ фæндыд... * * * ...Хæрзсывæллон ма уыд Бубула. Хадизæты курджы- тæ фæцис: «Ахæм цардмондаг, æрыгон сылгоймаг æм- гъуыдæй раздæр бахус уæд, уый цы фæрстæ бауром- дзысты,— бирæтæ хъуыды кодтой.— Кæй хъæуы уый, æмæ де уæнгтыл бархийæ хъадаман сæвæр, цæрдудæй 81
баныгæн дæхи? Уæд ма гуыргæ та цæмæн ракæны адæй- маг?» Дзæдзæ дæр хорз æмбæрста йæ чындзы уавæр. Æмæ йын кæд цыфæнды зын уыд, уæддæр тугХæццæ цæсты- сыг ныхъуыргæ иубон загъта Хадизæтæн/ — Чындз, мæ хур, зоныс æй дæхæДæг. Мæхи хъæ- бултæй хæстæгдæр дæ мæ зæрдæмæ./Не ’фсин та дæ чындз хонын дæр нæ уагъта. Уый æгаыдмæ дзæбæхæй фæцæр. Чызджы номæй дæм дзырдтр... Æгъгъæд скæн дæ хай мах амондæй... Дæхицæн... Царды уынаффæ ба- кæн: Бубу дæр... / — Бæппу! — ныббогъ кодта Хадизæт, афтæмæй йæ- хи зæрондыл баппæрста. / — Фæлтау мæ,— æрхæндæгæй/райдыдта Хадизæт,— дæхи къухæй аргæвд уый бæстьг. Куы никуы уæм æр- бахастон худинаг, маст. Цæмæй мæ хицæн кæныс уæ бинонтæй, цæмæй мыл фæхудт дæ зæрдæ? Амондагу- рæг куы никуы уыдтæн.— Йæ( дзыхыдзаг ныййехæ-хæ кодта. ! Чындзы кæуынмæ Дзæдзæ(гæртт-гæртт кæнын рай- дыдта. Бæргæ ма æлвæста Хадизæты сæр йæ мæллæг риумæ, фæлæ йын уый дæр ницыуал ахъаз уыд. Афтæ чындз æмæ йæ хицау сæ цæстытысыгæй сæ цæф зæрдæты тугтæ фехсадтой. Уæдæй фæстæмæ Дзæдзæ никуыуал ницы срæдыд. Ныййарæг фыдæн куыддæриддæр æмбæлы, афтæ йæ фæдардта Хадизæт адæмы астæу йæ амæлæты бонмæ. Иæхæдæг Астемыры фæстæ йæ риуыгуыдыр никæмæн- уал байгом кодта. Фынддæс азы бæрц рацыд уæдæй. Бирæ ивддзинæд- тæ æрцыдис царды. Рахъомыл Бубула. Царды вазыг- джын æгъдæуттæ йæм хъарын байдыдтой. Мадæн та ма сывæллон уыд. Райдианы йæ куыстæй уæлдай аХуыр дæр кодта фæсаууонмæ, бинонтæ йе ’ккой, афтæмæй. Уыйфæстæ, каст куы фæцис институт, уæд та æгасæй дæр йæ куысты аныгъуылд, æмæ йын йæ сæр схъил 82
кæныны фадат дæр нæ уыд. Бакумæ ацыды фæстæ лæп- пуйы æмбаргæ хидардыл мад дисгæнæгау кодта, фæлæ йæм уæддæр нæма бахъардта, йæ фырт ахæм сывæллон нал у, уый... \ Бубулайæн кæд йæ зæрдæмæ нæ цыд ацы хатт дæр йæ писмо, уæддæр æй сфæнд кодта æрвитын... «Уæ бон хорз^ Маженæ! — фыста Бубула.— Райсут æхсидгæ салам Ир}ыстоны урссæр хæхты рæбыиæй. Фыс- сы уæм Бубула. Хъуыды ма кæнут? Бакуйы куы фем- бæлдыстæм æрæджы. Уæ фыды фæдзæхстмæ гæсгæ цы ироны агуырдтат, уый мæ фыд разынд. Фæлæ æгас нал у, хæсты фæмард. Сымах мæм цы къам æвдыстат, уым æй нæ базыдтон. Уымæн æмæ йæ æгасæй никуы фед- тон. Ахæм дарæсы истæй та нæм йæ къам нæй. Фæлæ Бакуйæ куы æрбаздæхтæн, уæд нæм мæ мадимæ фæ- дзырдтой хæстон комиссарадмæ, æмæ нын уым радтой мæ фыды хæрзиуæг — «Фыдыбæстæйы хæсты фыц- цаг къæпхæны» орден. Хæрзчысыл ацардысты мæ мад æмæ мæ фыд иумæ. Æз куы райгуырдтæн, уæд дыууæ азæй фылдæр нæ рацыд, афтæ мæ мад сидзæргæсæй баззад. Æнцон ын кæм уыдаид, фæлæ, æвæццæгæн, мæн тыххæй ныффæрæзта æппæт фы- дæбæттæн дæр. О, бахатыр кæнут дзæгъæлдзырдыл фæдæн. Уый уын дзырдтон. Мæ фыды иннæ хæр- зиуджытæ æмæ зæронд писмоты астæу разынд хæсты рæстæджы газеттæй иуы скъуыддзаг. Газеты, цы къам мæм æвдыстат Бакуйы, раст ахæм ныв. Мæ мады афарстон, чи сты адон, зæгъгæ. Уый мын афтæ: «Дæ фыд йе ’мбæлттимæ». Сонтæй сымах мæ зæрдыл æрбалæууыдыстут. Ахæм æхсызгон мын уыд, сымах кæй агуырдтат, уый мæ фыд кæй разынд, уыйГ Æцæг мæ фыд Сашæ нæ хуынд, фæлæ — Астемыр. Мæ мад хабар куы бамбæрста, уæд уый дæр загъта, ныф- фысс Чехословакимæ, дæ фыды хæлармæ, кæд нын исты бæлвырддæр хабар фехъусын кæнид. Гъемæ уæм æз. дæр фыссын. } 83
Маженæ, бахатыр кæнут, фæлæ уæ ныр та æз ку- рын. Зæгъут уæ фыдæн æмæ ныффыссæд мæ мадмæ/ мæ фыды тыххæй. Æхсызгон ын уыдзæн. ,Сымах-иу уæ- хæдæг дæр ныффыссут, кæд нæ базивæг кæнат, уæд.» Нæ фыдæлтæ дæр хæлæрттæ куы уыдысты. } Ууыл уал хæрзбон. Æнхъæлмæ уæм’ кæсдзынæн. Бу- бу». Бубулайы бирæ æнхъæлмæ кæсын’нæ бахъуыд. Ма-* женæ æвæстиатæй дзуапп радта: «Бубу! Райстам дын дæ писмо. Бынтон æнæнхъæ-* лæджы кæуыл фембæлдтæн, уый ^Сашæйы фырт ра-* зынд. Афтæмæй та афтæ фæзæгъынц, зæххыл, дам, дис* кæуыл бачындæуа, ахæм æмбисонд нæй. Уый раст нæу.1 Ис царды цыдæр, фæлæ йæ ничи зоны нырма. Æз дæ> фыццаг хатт куы федтон Бакуйы, уæддæр мæм афтæ’ фæкаст, цыма æхсызгойнаг цыдæр ссардтон. Æцæг æй ие ’мбæрстон. Æрмæст ме уæнгты цавæрдæр æнæбæрæг цинад ахъардта. Хъуыды ма кæныс,— мæ къах мæ нал хаста дæ цурæй. Æфсæрмы дæр ма кодтон, цы мæ схон- дзæн, зæгъгæ. Бубу, цы мын стут, уый зоныс? Уæ фыды фæрцы мæ фыд æгасæй баззад. Уæ фыд ма æгас куы уаид,— мæ дыккаг фыд æй схонин. Куыд æхсызгон уы- дзæн Иржийæн, уæ писмо уын куы бакæса, уæд! Æр- мæст дæ фыды сæфты хабарæй, æвæццæгæн, зæрдæдзæф ’фæуыдзæн. Тынг бирæ йæ уарзта. Ныртæккæ мæ фыд ам нæй. Болгарийы уыдзæн дыууæ мæйы йæ куысты фæдыл. Æмæ йæм æз ныртæккæ арвитдзынæн уæ пис- •мо. Уадз æмæ зона, Астемырæн ахæм лæппу кæй ис, уый. Сымах тыххæй ма йæм мæхæдæг дæр афысдзынæн. Зонын æй, йæхи лæппуйы хуызæн дæ бауарздзæн. Мæ- нæн æфсымæр нæй. Æцæг хотæй мæгуыр нæ дæн. Цы ма? О, куыд уæм фæкæсид, ахуыр кæнынмæ сымах бæ- ’стæмæ куы ацæуин, уæд? Рагæй дæр уыд мæ зæрды, фæлæ ныр нал ныллæудзынæн ам. Мæ мадыфсымæр Минскмæ хæстæг, Борисовы, цæры. Уый дæр мæ хуыдта ’сæхимæ. Фæлæ... Цæй, уый тæххæй æндæр хатт. Баха- 84
тыр кæнут, æгæр уæ схъыг кодтон мæ дзæгъæл дзæн- тæдайæ, æвæццæгæн. Æрвитын уæм нæ бинонты къам. Сæ нæмттæ чъылдымырдыгæй фыст. Сымах дæр-ма-и/ рарвитут уæ мадимæ ист къам. Хорз? Хæрзбон... О, бахатыр кæн: фæцæй мæ рох кодта. Саламтæ ратг дæ мадæн мах номæй. Фыссут. Æнхъæлмæ кæсдзынæк ^дзуапмæ. Маженæ».. Чызг æмæ лæппу сæхæдæг дæр нæма æмбæрстой, сæ- фыццаг фембæлды кæрæдзийы зæрдæты цы хъармал бауагътой, уый куыдфæстæмæ зынг кæй расайдзæн, æмæ- дзы циндæттæг гуыр-гуыргæнгæ амонды арт кæй ссудз- дзæн, уый. # * # Хадизæт рагæй æнхъæлмæ кæмæ каст, æппæтæй тынгдæр цæмæ бæллыд йæ царды, уыцы ирд цины бон æрбахæстæг. Йæ фыртæн хæссы чындз. Афтæ йæм касг ’уыцы бонты мадмæ, цыма уымæй амондджындæр адæй- маг нæй зæххыл, цыма хур дæр уый цинæй калы тæ- мæнтæ. Хадизæт Маженæйы фылдæр бауарзта Бубулайæ.- Йæхимæ афтæ амондджын дæр уымæн каст. Фæлæ æнæ- загъта-багъта нæ рауад Бубулайы чындзæхсæв. Хæс- тæджытæй кæйдæрты зæрдæмæ нæ фæцыдис Хадизæты фæнд. Цæлхдуртæ фæзынд йæ фæндагыл. — Ау, уый та куыд у? Фыдæй фыртмæ ахæм хабар куы никуы уыд, æмæ æндæр бæстæмæ усгур фæцæуа ирон лæг,— бауырдыг Хадизæтмæ мыггаджы хистæртæй" иу — Хатæхцыхъо.— Кæрцæн йе ’мпъузæн йæхицæй фи- дауы. — Бахатыр кæнут. Уыцы æгъдæуттæй æз дæр цы- дæртæ æрæййæфтон, стæй æрыхъуыстон. Мæнæн сымах- мæ дзурын дæр аив нæу. — Цæмæн зæгъыс? — фæцырд Хатæхцыхъо.— Та- буафси, дзур. Афтæ амоны рæстæг абон. Уыйбæрц мах дæр æмбарæм... Уыдон иууылдæр хорз фæуæнт, фæлæг 5&
^уæддæр хион хуыздæр у, хион. Ау, мах аккаг чызг нæхи зæххыл нал ис? — Бирæ, тынг бирæ. Фæлæ æрмæст аккагыл ныхас нæ цæуы. Бахатыр кæнут, фæлæ чызг æмæ лæппу кæ- рæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты цалдæр азы размæ, сæ хæлардзинад уарзондзинадмæ рахызт, иу дзы иннæйы хорз æмбары. Кæрæдзийы мадæлон æвзæгтæ дæр ма сахуыр кодтой. Уадз æмæ цæрой амондджынæй. Баха- тыр кæнут, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, цин кæнын хъæуы ахæм арфæйаг хъуыддагыл... — Уæдæ уæ куыд фæнды, афтæ кæнут мадæй, фыр- тæй,—нал суагъта дзурын Хадизæты Хатæхцыхъо.— Мах нæхи зарæджы сæр нæ кæнæм... — Хорз зарæджы сæр уæвынæн стыр амонд хъæуы... Хатæхцыхъо ницыуал сдзырдта. Тæргайæ ацыд æмæ йæ ныхас нæ фæсайдта. Бубулайы чындзæхсæвмæ нæ фæзындысты: нæдæр йæхæдæг, нæдæр^ йæ бинонтæ. Фæлæ Хатæхцыхъойы не ’рбацыд чындзæхсæвы хъуыды дæр ничи æркодта. Ницыхъуаг уыд хъæлдзæг- .дзинад. МАДЫ РÆДЫД Тузар бынæттон министрады бирæ дæр нæма акуыс- та, ничима йæ уа-бæлвырд базыдта хæстæгмæ. Фæлæ йыл министры секретары цæст иннæтæй раздæр æрхæ- :цыд. Лæппуйы уындæй æнахуыр æхсызгондзинад ’ахъардта йе уæнгты. Зæрдæйы цин цæсгомыл хъазыд. Уарзтмондагæй йæхи тыхурæд чи кодта, уыцы зæрдæ ныр абухын райдыдта. Уымæй размæ дæр бауайдзæф кæнæн нæ уыдис Азауханæн (афтæ хуынд министры секретарь), чызг уæвгæйæ йæ аивдзинадмæ нæ кæсы, зæгъгæ. Æвæццæ- гæн æйгæ айдæн хуысгæйæ дæр йæ нывæрзæн дардта. •Стæй канд йæ цæсгомы хæмпус цъар нæ хъахъхъæдта чызг. Суанг ма йæ фæлмæн къухты ахуырст ныхтæ о86
истыхуызон куы фæуойы тæссæй йæхи уазал донæй дæр никуы фæхъæстæ кодта. Æрдзæй дæр кæд йæ цæс- гом аив уыд, уæддæр ма-иу ахорæнтæй дæр фæкаст йæ рæсугъддзинад ноджы тынгдæр æрттивын кæнынмæ. Иудзырдæй, иу фендæй дæр Азаухан йæ зæрдæмæ кæ- мæн нæ фæцыдаид, ахæм нæ уыд. Ныр Тузар йæ размæ куы февзæрд уыцы саджы фи- сынтыл амадхуызæй, уæд Азаухан йæхимæ ноджы нар- дуатондæрæй зилын райдыдта. Тынг æй бафæндыд, Ту- зары зæрдæмæ куы фæцыдаид, уый. Суанг ма йæ ны- хасыхъæд дæр фендæрхуызон. Бирæтæ æрмæст йæ феныны тыххæй кæмæ цыдысты министрадмæ, уыцы Азауханы рæсугъд никæмæ раз- дæхта йе ’ргом. Æрмæст иунæг Тузарæн бакодта йæ- зæрдæйы дуар. Æрмæст уымæ схудтис йæ зæрдæйыг фæндиаг. Æрæгвæззæг арв куыд ныннæры æвиппайды, раст уыйхуызæн æнæнхъæлæджы хабар уыд Тузар æмæ- Азауханы чындзæхсæв дæр. Уый æнхъæл сын ничи уыдг цалынмæ йæ сæхи цæстæй федтой, уæдмæ. Уалдзыгон дидинæг хуры фыццаг тынтæм йæхи куыд. фæнайы райсомы æртæхы, раст уыйау Тузар дæр Азау* ханы уындæй йæхи рæвдыдта. Кæм ма уыдис Тузарæй амондджындæр зæххыл!.. * * * Бирæ нæма ацардысты иумæ, кæрæдзи уындæй дæр* нæма бафсæстысты, афтæмæй Азаухан æнхъæлцау бацн æмæ йæхи азымæй æргæвста. Химарыны онг сси фыр- тæссæй. Йæ фидауц гуырыконд куы фехæла, йæ хæмпус. ирдцъар цæсгомыл сывæллоны фæзынд йæ фæд куы ныууадза... Ахæм алыхуызон хъуыдытæ æнцой нал уагъ- той, йæхи уарзынæй чи нæ фæллад, уыцы цардбæллоы сылгоймаджы. Тузары дæр нæ бафарста, афтæмæй йæхицæн хостæ- кæныныл фæцис, цæмæй, йæ гуыбыны цы ног уд æв- 87
зæрд, уый сæфт æрцæуа. Фæлæ йæ сусæг фæндæй нйцы рауад. Хостæй æрдзы тых домбайдæр рауад. Æрмæст уæддæр хостæ сæ фæд ныууагътой æнаххос сывæлло- ны буарыл. Лæппу райгуырд сахъатæй. Иæ галиу зæнг уæрагæй дæлæмæ уыд дзæвгар лыстæгдæр, стæй ма къахы æнгуылдзтæй дæр иу къаддæр... Цæмæй зыдта, «фыруарзт, фырцинæй чи ницыуал æмбæрста, уыцы Ту- -зар, уыдон сывæллонæн мады фыдбылызтæ кæй уы- .дысты, уый. Йæ цин судзаггаг масты аууон кодта. Зæр- дæйы тугтæ сæхи нæ урæдтой сываелло.ны тæригъæдмæ. Уæнгты хъару асаст адæргæй, сæр дзæгъæлтæ кæнын райдыдта. Азаухан йæ аххос æмбæрста, æмæ йын уый йæ игæ- ,ры нуæрттæ æхсыдта... Бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ аивгъуыдта Тузарыл <:ывæллоны мæгуырадыл хъуыды кæнгæйæ. Йæ уарзы- нæй кæмæн нæма бафсæст, уыцы Азаухан дæр æй нал .æндæвта. Хуры рухс æм нал зынд, цард æм нал худтис фыццагау. Зæрдæйы мидудхар ыл фæзынд. Афонæй ^аздæр сæрыхъуынты урсытæ февзæрд, фæкарджындæр- _хуыз. Æнцондæр уавæры, чи зоны, нæ уыд уыцы рæстæг >сывæллоны мад дæр. Цы гуырыконд æмæ цæсгомы хуы- .зæн тарст, уыдоныл фæзынд зæрдæйы рыст. Иæ урс- цъар, хæмпус рустæ фæтарбындæр сты... «Дурзæрдæ» дохтыртæн цыма æцæгдæр зæрдæтæ нæ уыд æмæ тæригъæд кæнын нæ зыдтой,— æнамонд сы- вæллоны уæраг ныкъкъæрттытæ кодтой йæ къахыл ауа- йыны агъоммæ, æмæ цыма зæнг æппындæр ницы сахъат уыд, йæ джиппы сбадт. Æрмæст, кæй зæгъын æй хъæ- уы, къахыл фæндзæм æнгуылдз разайын кæнын нæ ба- цис сæ бон... Амондджынтæй амондджындæртæ бирæ вæййы. Сæ хъæбулы зæнг сдзæбæхы фæстæ Тузар æмæ Азаухан* ,дæр сæхи уыдонæй хуыдтой. Къахыл куы ауад лæппу æмæ дзурын куы райдыдта, уæд та сæм афтæ каст, цы- .88
ма æппæт сывæллæтты астæу дæр уыдоны Оледжы хуьк- зæн æмбаргæ, дзырдарæхст æмæ æххæстзонд лæппу нæйч. Æмæ ныййарджытæ нæ рæдыдысты, æвæццæгæн. Сьь вæллон зондæй æцæг домбай уыдис. Фæлæ уæддæр раст- нæ уыдысты, афтæ сæм кæй каст, Олегæй хуыздæр сы-- вæллон нæй, зæгъгæ, уымæй. Иу æмæ дыууæ нæ уыд. уыйхуызæттæ, ноджы зæрдæмæдзæугæдæртæ. Фæлæ,, дам, «Хæфсæн йæ лæппын хуры тын». Алы ныййарæгмæ- дæр йæхи хъæбул хуыздæр фæкæсы иннæтæй. Бонтæ сыл цинæфсæстæй згъордтой. Фыццагау та сæ сæ амонд æврæгъты сæрты хаста. Æхсызгонæй та. райдыдтой худын. Азаухан цæмæй тарст, уый йыл, йæ амондæн, уабæ-. рæг, нæ фæзынд. Цæсгом та йæ хуыз скалдта, уæнгть* дæр раздæрау цинæфсæст туг хъазыд. Бынтон æмбисонд та Тузары зæрдæйы цин басгуыхт. Иуæй—йæ фарсмæ йæхи æппæтæй амондджындæр кæ- мæй хуыдта, уыцы æрдхæрæны рæсугъд Азаухан, иннæ-. мæй — йæ амонд ын ноджы тынгдæр чи сæрттивын код-. та, зæрдæ йæхицæн бынат кæй цинæй нал ардта, уыцы: царды бындур Олег йæ къахыл азгъордта. Сывæллонц размæ дæр куыннæ, фæлæ ма кæм уыд ныр уыйхуызæН: амондджын адæймаг! Æвæццæгæн, æхсæв, бон нæ хынц- гæйæ уыцы æнæрынцойæ куы куыстаид, уæддæр никуц ницæмæй сфæлмæцыдаид. Уыцы хъару йын лæвæрдтой йæ сывæллон æмæ йæ къай. * * * Тузар йæхæдæг æрæджиаугомау райгуырд. Ацæргæ. уыдысты уæдмæ йæ ныййарджытæ. Æмæ ма сын сьь вæллон равзæрдзæн, уый æнхъæл дæр ничиуал уыд. Хæмысиатæн уый размæ фæд-фæдыл фондз чызджы куы райгуырд, уæд мад æмæ фыдæн бынтондæр сæ. ныфс асаст, амардысты сæ зæрдæтæ, æнæбындур фес- тæм, зæгъгæ. Сæ къух ницæмæуал тасыд æмæ мæгуыр. 89,
дард хастой. Ныр сын æппынфæстаг лæппу куы рай- гуырд, уæд ма Адыл æмæ Хæмысиаты цинæн кæрон кæм уыд! Тузар ном дæр ыл уымæн сæвæрдтой. Ома: Туг- зар< æнæбындур нал стæм. Лæппуйы тынг буц хаст кодтой мад æмæ фыд. Сæ фæллой уый хъуырмæ цыд, йæ уæлæ йын æй тыхтойЬ- .Цалынмæ мойтæ нæма скодтой, уæдмæ хотæ дæр се ^фсымæры цæрайæ цардысты. Йæ дзыхмæ дзы уый хъуа- гæй комдзаг ничи иста. Афтæмæй рæзыд Тузар æнæ- .мæт, æнæрыстæй. Фæлæ кæдмæ афтæ уыдаид? Цард æдзух уыцы иу- хуызон нæ хæссы. Ахæм у йæ домбайдæр æмæ æгъатыр- дæр æгъдæуттæй иу. Æмæ иубон Адылы бинонтыл дæр йæ дæрзæг базыртæ радаудта, йæ нуарджын къухтæй сæ æрбалхъывта. Тузарыл æртындæс азы дæр нæма сæххæст, афтæ йæ йæ мад сидзæрæй фæуагъта. Иæ рынчыны хабар дæр нæ райхъуыст. Йæ тъæнгтæ фелхынцъ сты æмæ сонт мард акодта. Адыл дæр, цыма истæуыл фæтæргай, ^бирæ нал ацард йæ къайы фæстæ. Кæд бирæ ныфсытæ æвæрдта Тузарæй йæхицæн, бирæ хорз фæндтæ йæм уыд, уæддæр. Æмæ æнахъом лæппу хоты æвджид баз- :задис. Цыдысты бонтæ, згъордтой Терчы донау æнæ фæс- тæмæ фæкæсгæ, æнæмæт, æнæ истæуыл хъуыды кæн- гæйæ. Рæзыд Тузар дæр сидзæрæй, йæ азтæм гæсгæ би« рæ цыдæртæ нæма æмбæрста, афтæмæй. Фæлæ домбай у цард йæ фидар æгъдæуттимæ. Абухы, бырсы размæ, ивылд донау ссæнды йæ ныхмæ ’вæрд цæлхдурты.Уыцы уавæрты цин æмæ маст, рис æмæ .æнцонад кæрæдзи ивынц фыдæй фыртмæ. Уый царды ахъаззагдæр миниуæг у. Тузармæ дæр йæ мæгуыр сидзæр царды цыдæр амонд каст, кæд æй йæхæдæг нæма æмбæрста, уæддæр. Паддзахадæй цы æххуыс иста, уыцы æхца исынмæ куы æрбацыд иубон постмæ, уæд æм йæ дыууæ тумани- '90
мæ лоторейы билет ралæвæрдтой кассæйæ, лыстæг æх^- ца нæм нæй, зæгъгæ. Ууыл лæппу сонт мæсты æрбацис^ — Æнæмæнг рамбулдзæн! — радзырдта йæм чызг. * * * Йæ амондæн æви йе ’намондæн, хæйрæг йæ зонæг^ фæлæ Тузары билет æцæгæй дæр рамбылдта. Æрмæст афтæ тынг кæмæ бæллыд, афтæ арæх йæ цæстытыл цы мотоциклет уад, йæ сабийы бонтæй фæстæмæ кæй мьь- сыд, уый нæ. Рамбылдта «Москвич» машинæ. Чидæр, дам, йæхицæн цæст æнхъæл нæ уыд, афтæ-. мæй æрфыг, æрфыг кодта, куыд фæзæгъынц, афтæ Ту- зар дæр мотоциклет, мотоциклетгæнгæ «Москвич»-ы бабадт. Уыйагъоммæ дæр раззагдæртæй нæ уыд скъолайы, кæд зæрдиагæй ахуыр кодта, уæддæр. Фæлæ машинæ куы рамбылдта, уæдæй фæстæмæ,— исгæ дæр æй нæма ракодта, афтæмæй,— цауддæр ахуыр кæнын райдыдта.. Уæддæр астæуыккаг скъола каст фæцис. Райста атте-- стат, фæлæ институтмæ нæ бахауд. Æмæ уый тыххæй йæхи æнæхъуаджы не ’фхæрдта. Азым дæр нæ хаст^ йæхимæ, хуыздæр ахуыр кæнын мæ хъуыди, зæгъгæ^ Зыдта, институты къæсæрæй чи нæ бахызт, ахæмтæ ма’ бирæ кæй уыд, уый. Уыдон дæр сæхи, миййаг, нæ ма- рынц. Уыдонæй уæлдай Тузар дæр йæхи цæуыл хъуа* мæ æфхæра? Р1е ’мгæрттæй хъауджыдæр ма йæм «Моск- вич» дæр куы ис... Уайтагъд шофыры дæсныйадыл са- хуыр кодта. Фæлæ рæстæг куыд цæуы, афтæ йæхионтæ домы æмæ кæны. Тузармæ æфсадмæ фæсидтысты. Æмæ та уым дæр йæ хъул сах абадт. Дыууæ азы дæргъы машинæ скъæ^ рæгæй ахицæп кодта йæ службæ. Шофыры дæсныйад уым ноджы хуыздæр базыдта, йæ зæрдæмæ тынг фæцыд уыцы куыст, æмæ йæ нал аивта, æфсадæй куы сыздæхт^ уæддæр. Куыста шофырæй. Ласта бынæттон промыпь, 91
ленносты министры. Йæхимæ афтæ зылд, ахæм аивæц .цыд йæ куыстмæ, æмæ йын шофыр æнхъæл ничи уыдл Бæрзонд, хæрзконд, хæрзуынд, йæ уæлæ аив дарæс кæд- дæриддæр, итувæрд. Йæ хæлафы сæстытæ цыма æн-* цъылдтæ кæнын нæ зыдтой — уыцы адзæнгæларæзт уы- .дысты æдзухдæр. * * $ Тузар сывæллоны ад куы бамбæрста, цæйбæрц цин -æмæ.амонды хос у, уый куы бавзæрста, уæд йæ хуыцау- мæ куывта, сæ лæппуимæ ма сын чызг дæр куы уыдаид, уый тыххæй. «Иу бæласæй дыргъдон нæй, иу хæдзарæй сых»,— хъуыды кодта хинымæр. Фæлæ йæ Азаухан кой кæнын дæр нæ уагъта. — Уыцы иунæг сывæллоны фæстæ дæр мæ уд мæ мидæг тыххæй æрцыд, ды та ма мæ ноджыдæр истытæ агурыс. Мæхи хуызæнæй мæм ницыуал ис... — Мæнмæ гæсгæ та, Азау, цы уыдтæ, уымæй ноджы рæсугъддæр фæдæ Оледжы райгуырды фæстæ. Дæ конд, ,дæ уындимæ ма ноджыдæр мад... — Нæ, нæ! Ахæм ныхæстæ мын ма кæн.— Нал-и,у\ суагъта дзурын лæджы.— Уынын мæхи... Æдылы нæ дæн... Адæм дæр уынынц, цыхуызæн сдæн, уый. — Омæ, Азау, адæммæ цы кæсыс? Чызг нал дæ. Дæ фырт саджы лæппыны хуызæн. Хо ма йын куы уаид, ;уæд... — Уæд мæ æндарæны бакæнис. Æмæ ма уæд цæргæ та кæд кæндзынæн, куы базæронд уон, уæд? — Ау, æмæ сывæллон царды цин нæу? — Ма мын æй амон, зонын æй, цы у, уый. Фæлæ... !Кæд афтæ у, уæд ма ды дæр иу царды цин ныййар. — Уыцы амонд нæлгоймагмæ нæ радта хуыцау. — Дæлæмæ æрхауæд уыцы хуыцау, сымах уыцц амондæй æнæхай чи фæкодта. Иу æмæ дыууæ хатты нæ рауад Тузар æмæ Азау- 92
ханмæ ахæм ныхас. Хъаугъамæ сын-иу аивта. Ахицæ- ны онг-иу сысты. Фæлæ уæддæр никуы сразы ус лæги- мæ. Æгæр бирæ уарзта йæ тæнæг уды, æгæр бирæ буц митæ домдта йæхицæн. Æмæ Тузары зæрдæйы уарзт æмбаргæйæ куыдфæстæмæ Оледжы дæр уый æккоймæ баргъæвта. Йæ куысты фæстæ йæхимæ зилыны фагæй фылдæр нал кодта мад. Ноджы ма бавдæлд, æмæ йыл цæмæй рæдыд мауал æрцæуа, æмæ та æнæнхъæлæджы æнхъæлцау ма бауа, уый тыххæй йæхицæн лæджы сусæгæй хостæ кæныныл ныллæууыд. Цы нæ вæййы — цард цард у. Хихъахъхъæ- нæг низæй дæр хъахъхъæд у. Афтæ йæ лæджы ныхмæ сусæг хæсты бацыд, сусæг митæ кодта Азаухан, йæхи уды рæсугъддзииадыл хъуы- ды кæнгæйа-. Иæ лæппу цæстуынгæйæ айрæзт, скъоладзау ацис. Æмæ ныр бынтондæр йæ цæсгом суагъта ус. Йе ’нæф- сис домæнты фаг кæй нæ кодта сæ мызд, уый йын æф- соны хос фæцис. — Дæ иунæг сывæллоны йæ мадимæ дæ бон нывыл дарын куы нæ у, уæд ма фылдæр куы бауиккам, уæд та цы кæнис? — арæх ахæм цæстмæдарæн ныхас кодта Азаухан. Тузарæн уыцы æфхæрæн ныхасмæ хъусын йæ бон куынæуал уыд, уæд йæ куыст ныууагъта министрады æмæ тæккæ егъаудæр уæзласæн машинæйыл бабадт. Разы уыд цыфæнды зын куыст кæныныл дæр,' æрмæст ма Олегæн хо куы уаид... Уыцы бæллиц ын йæ тыхтыл тых æфтыдта. Уæззау куыстытæ кæнын ахуыр нæ уыд Тузар рагæй дæр. Æмæ-иу ныр тынг бафæлмæцыд. Иæ комæй кæс- гæ-иу æрбаздæхт сæ хæдзармæ. Хаттæй-хатт-иу æм афтæ дæр каст, цыма йæ сæр базыл куы æруадза, уæд йæ бон рабадын нал бауыдзæн райсом. Фæлæ-иу Олег йе ’фцæгыл куы атыхст, Азаухан-иу уыцы ног чындзарæз- 93
тæй куы алæууыд йæ уæлхъус, уæд-иу æвиппайды йе уæнгты рис цыдæр фæцис. Азауханы дæр цыма ивгæ бачындæуыд—тызмæг ны- хас йæ дзыхæй нал хауд. Иуæй—æхца фылдæр хæссын райдыдта лæг хæдзармæ, æмæ уымæй йæхимæ зилыны фадæттæ фæхуыздæр сты. Иннæмæй—йæ аууонау йæ фарсмæ нал ис Тузар министрады, æмæ та бирæты зæр- дæхæлд кодта мæстæймарæгау. Иуцасдæр йæ лæджы базыры бын цы уарзтмондаг зæрдæ бааууон кодта, уый та ныр йæхи ивазыныл фæцис царды цин, хуры рухсмæ. Æндарæны тыхдард кæй кодта, уыцы æнæфсис «æз уон» та ногæй ’ скуыста. Хъуамæ, кæй зæрдæмæ бацæуа (æмæ кæй зæрдæмæ нæ бацыдаид нæлгоймагæй!), уый йын æй истыхуызы, цæстмæ ми кæнæ ныхасæй æмба- рын дæр кæна æргом. Тузар æй нæ уыны, нæ хъыгдары. Уадз æмæ йæм йæ алыварс алчидæр кæна хæлæг æмæ тæхуды. «Уадз æмæ иннæ сылгоймæгтæ зоной, фондз мо- йы куы скæнон, уæддæр чындздзон чызгхуызæй кæй баз- зайдзынæн, уый...» * * * Тузар уæхскуæзæй кусын куы райдыдта, ууыл цал- дæр азы рацыд. Хохрæбынæй къæдзæхдур чъырсудзæн- мæ ласта, боныхъæд æмæ афонмæ нæ каст, афтæмæй. Сæударæй-иу ацыд йæ куыстмæ. Бинонтæ-иу уыцы афон хъал дæр нæма раисты. Бонсауизæрмæ-иу минут дæр æнцад не ’рбадтаид. Йæ хæринаг дæр цыма давæг- гаг уыд—нывыл æй никуы бахордта. Уыцы иугæндзон тагъд кодта æдзухдæр. Хæдзармæ дæр-иу æрæгмæ æр- баздæхт. Бинонтæн фылдæр уа, бинонтæн хуыздæр уа, ууыл уыд йæ хъуыды, йæ сагъæс æхсæвæй-бонæй. Йæ куыстмæ æрæджы нæ кодта Азаухан дæр. Гъе, фæлæ хæдзармæ тынг нал тырныдта. Æвæццæгæн æм афт’æ хуыздæр каст, хъæлдзæгдæр ын уыд æддæ. Би- нонтæй никæйы уайдзæфæй тарст. Тузар æй нæ уыдта, цафон-иу æрбаздæхт сæ хæдзармæ, уый. Олегæн та 94
хуыздæры хос дæр ма уыд иунæгæй. Æнæ макæ зæгъæ- гæй рæзыд. Бинонты цардамонды арт куыдфæстæмæ мынæг кæ- нын райдыдта. Æртхутæджы бынæй ма уарзондзинады цæхæры гæзæмæ рухсы цъыртт æнæбарыгомау ферттив- ферттив кодта, ныр ахуыссон, уæд ахуыссонгæнгæ. Цы- фыддæрмæ цыд бинонты цард бонæй-бонмæ. Куыствæллад, æххормагæй-иу куы æрбаздæхт Тузар æнафоны, уæд-иу арæх хæринаг конд дæр не ’рбаййæфта хæдзары. — Цы хæрæм, Азау, цы хæринаг нæм ис?—хъазгæм- хасæн-иу афарста лæг. . — Æмбæхст нæм ницы ис. Хæр, цы ссарай, уый,— уыдис-иу кæддæриддæр йæ дзуапп усæн. Цы гæнæн уыд Тузарæн ахæм уавæрты. Йæхи мæт дæр-иу æй нæ уыд, чи зоны, фæлæ Олег... Нынныхъуырд- та-иу йæ судзаггаг маст, æмæ-иу ын кæд цыфæнды зын уыд, уæддæр-иу уыцы афон дæр балæууыд хæринаг кæныныл. Æхсæвæр-иу сцæттæ. Æмæ-иу уæд Азаухан дæр ба- бадт стъолы уæлхъус йæ фырты фарсмæ. Лæгæн йæхи буцгæнгæйæ, цыма-иу æй нæ хъуыд, уыйау-иу æнæр- вæссон хæрдтытæ кодта. Фæлæ-иу уыцы рæстæджы Ту- зарæй йæ раздæры хъуыды айрох. Азаухан уæд йæ цу- ры, æндæр хуыздæр æй ницы хъуыд. Кæд ын цыфæнды мæстытæ скæны æмæ иудадзыг дæр йæхи фæнд тæрыг кæд раздæрау йæ зæрдæйы цæхæрæй нал рæвдауы лæ- джы, уæддæр æм усгур лæппуйау йæ уарзондзинад нæ къаддæр кæны. Нæ йæм æфсæды кæсынæй. Уымæн æр- байсæфы æвиппайды йæ судзгæ маст. Уымæн не ^мбæрста Азауханы миты гуырысхойаг ивддзинæдтæ. Уымæн никуы ахъуыды кодта усы цæстмæдарæн уай- дзæф ныхæстыл дæр. — Дæ бензины тæф никуыуал ссæудзæн, æвæццæ- гæн. Зæрдæхæццæгæнынæн æндæр нæ хъæуы... Цæмæй зыдта, мæгуыр, Тузар, афтæ бирæ кæй уарз- 95
та, уыцы æмбисонды Азаухан йæ зæрдæйы хъармад су- сæгæй æндæрырдæм кæй фæцарæзта, уый. Нæ ахъуыды кодта хъалзæрдæ Азаухан, бинонты кадджын артдзæстыл цъыф.къахæй ныллæууыны фæс- тæ цы уыдзæн, ууыл. * .', * Министры хæдивæджы бынатмæ кæй æрбарвыстой цалдæр мæйы размæ, уымæн уайтагъд йæ хорзы кой айхъуыст. Конд æмæ уындæй йæм, раст зæгъын хъæуьь ничердыгæй уыдис лаз æрхæссæн. Уæнгджынæй — бæр- зонд, саухилæй — ирдцъар. Фæтæн æрфгуыты бынæй егъау мыдхуыз цæстытæ æмбаргæ каст кодтой. Куысты та ноджы байтамандæр. Кæд-иу куыстадæн пайда нæ уыд, уæддæр æм чидæриддæр цыд исты хъуыддаджы фæдыл, æнæ нывыл дзуаппæй никуы никæй рарвыста. Тынгдæр ын адæмы зæрдæмæ гъеуыцы миниуæг фæцыд, æвæццæгæн, цæмæн афтæ кæны, ууыл нæ хъуыды код- той, афтæмæй. Æрмæст Азауханæй уый зæгъæн нæ уыд. Йæ мид- хъуыдытæ æндæр фæдыл фæцагайдтой. Æндæр бæллиц райгуырдис йæ уарзтмондаг риуы. Йæ зæрдæйы мидæг хъæбысхæсты бацыдысты Тузар æмæ Ростислав ^афтæ хуынд министры хæдивæг). Тузар куы нæ фæуæлахиз уыдаид, уæддæр хæрæгсаст фæуыдаиккой æнæмæнг. Фæлæ бензин æмæ духийы тæф æмдых нæ уыдысты Азауханы цæсты. Уæдæ сæ куыстмæ гæсгæ сæ уæлæйы дарæс дæр æдзух иухуызон кæм уыдаид. Сау сгæллад костюм, урс-урсид цыллæ хæдон, урс- зиллакджын сау галстук æнахуыр дзæбæх фидыдтой Ростиславы хæрзконд уæнгтыл. Цыма бадгæ дæр ни- куы æркæны — йæ хæлафы итувæрд аендæрхуызон ни- куы бæййы. Тузарыл та ма цæй итувæрд зындаид уæзласæн ма-' шинæйы бадгæйæ. Чъырдуры рыгæй-иу йæ дзаумæттæ 96
нæ, фæлæ’ йæ’ цæсгом дæр" йæхй хуызæн нал уыдис. Æддагон мыст мидæггагоны расырдта, куыд фæзæ- гъынц, раст афтæ Азауханы зæрдæйы дæр Ростислав» куыдфæстæмæ рæбинагдæр фæцис, æмæ Тузарыл ра- хæц-рахæц, байдыдта æддæмæ. Ницæуылуал ахъуыды кодта. Бинонты кадджыи ирд номыл йæ зæвæтæй ныл- лæууыд. Йæ зæрдæйы арты тых æгасæй дæр сарæзта Ростиславмæ, кæд уымæн йæхицæн дæр бинонтæ уы- дис, уæддæр. Ростислав фендджын лæг уыд, хорз зыдта царды алы фæзилæнтæ, хин. Æвæццæгæн ’куысты дæр уымæн уыд афтæ* арæхстджыи. Адæймаджы удыхъæд æмæ зонда- хаст-иу фыццаг фендæй дæр базыдта. Иæ уынаг цырд цæстытæй ницы ирвæзт æнæ бафиппайгæйæ. Азауханы дæр фыццаг хатт куы фсдта, уæд, цæмæдæр гæсгæ, йæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, æмæ æнахуыр æхсызгондзи- над уæнгты ахъазыд. Фæлæ йæ цæсгомы хуыз æмæ ньь хасы хъæд æндæрхуызон нæ фæкодта. Зыдта йæхиуыл хæцын, йæхи дарын. Уæддæр Азауханы ссудзынæввонг зæрдæ сæ фыццаг фемдзастæй бамбæрста, ног хицауы зæрдæмæ кæй фæцыд, уый. Туг хус сугты артау ныг- гуыпп кодта сонтæй уæнгты. Рустæ сырхмылазон фес- тадысты. Куыддæр фефсæрмы химидæг. Йæ амондæн министры сидæн дзæнгæрæджы хъæр райхъуыст, æмæ уый кабинсты фæмидæг. Уæдæй фæстæмæ Азаухан уæлæмæ ницы дзырдтаг фæлæ хипымæр сæйын райдыдта сусæг зæрдæнизæй. йæ бинонты цард бонæй-боп æдзæллагмæдæр цыд. Лæ- гæй, фыртæй сылгоймаджы къуххъуаг кæй уыдысты, уый тынгæй-тынгдæр зынд сæ уындæй. Æмæ Тузар уымæй размæ дæр ницы домдта йæхи- цæн. Алцæуыл дæр разы уыд. Æрмæст Азаухан уæд йæ фарсмæ, æндæр æй ницы хъуыд зæххыл. Арæхæй- арæхдæр цы æфхæрæн уайдзæф ныхæстæ хъуыста усæй, уыдон дæр æм нæ хъардтой. Суапг, бензины тæфмæ нæ фынæй кæнын, зæгъгæ, дыууæ сынтæджы куы фæхицæн 4 Хадиз;еты амонд 97
кодта сылгоймаг кæрæдзийæ æмæ сæ уаты дыууæ къуы- мы куы авæрдта, уæддæр ницы сдзырдта. Бахудт æмæ хатыркурæгау загъта: — Бафæраз-ма, Азау. Мах дæр райсдзыстæм ног фатер... Уæд алы изæр дæр мæхи найдзынæн, кæд нал кæнин бснзины тæф. — Хæрæг, ма амæл, сæрд æрцæудзæи, нæ? Æмæ цард куы фæуон, уæд ма мæ дæ фатер та- кæцырдыгæй, хъæудзæн?.. — Омæ, Азау... — Æгъгъæд! Мæ бон дæ нал у. Сфæлмæцыдтæн дæ!.. Цæстыты цæхæр акалд, хъустæ ссыгъдысты. Ннцы- уал сфæрæзта сдзурын лæг. Уыцы цавддуры хуызæнæй ма Олсгмæ бакаст, цыма дзы хатыр кæнæ æххуыс агуырдта. Мæрдонхуыз фæцис йæ цæсгом, афтæмæй къæ- сæрæй ахызт. * * * Уыцы æхсæв Тузармæ æнафонтæм хуыссæг æмгæ- роа нал æрцыд. Ннкуы ницæмæ дардта Азауханы æф- хæрæн уайдзæфтæ пыронг. Фæлæ йын ацы «Мæ бон дæ иал у, сфæлмæцыдтæп дæ» йæ астæуыстæг асастой. Йæ зæрдæйыл топпы нæмыг куы сæмбæлдаид уыцы сахат, уæд дзы, æвæццæгæп, туджы цъыртт нæ рахъардтаид. Уæлæмæ цас нс сфæрæзта сдзурыи, уыйбæрц хуылф мастæй байдзаг, зæрдæйы тугдадзинтæ пыддымстысты, атонынмæ сæ бирæ нал хъуыд... Олег дæр мады бустæ æмæ уайдзæф ныхæстæ ни- цæмæ дардта райдианы. Ницы уыйбæрц сын æмбæрс- та йæ чысыл сæры магъз. Фæлæ куы фембаргæдæр, уæд фыдæн тæригъæд кæнын райдыдта, уæлдайдæр-пу ын йæ фæлмæст цæсгоммæ куы фæкомкоммæ, уæд. — Тузи,— йæ гыццыл зæрдæйы бынæй-иу курæгау бакодта лæппу,— сахуыр-ма мæ кæн шофыры куыстыл, æмæ дын-иу уæгъд рæстæг аххуыс кæпоп. 98
— Ше,мæ хур; нæ,—уыцы иухуызон.дзуапп ын лæ- вæрдта фыд,—ахуыр кæн. Уыныс, æз нæ сахуыр код- тон, æмæ... иицæйагæй; баззадтæн. • — Тузй, æмæ уæдæ бирæ æхца куы исыс, уæд уый ницы у? — Цæй бирæ исын, цæй, Олежкæ. Бирæ чи исы, уыдон æндæртæ сты. Уыдон уæхскуæзæй нæ кусынц... Стæй зон, мæ хур, ныр лæг дæ: æрмæст æхцайы мидæг нæй амонд; Æндæр цыдæртæ дæр ма дзы ис... Йæхи æмбарынхъом куы фæци Олег, уæдæй фæстæ- мæ, зæгъæн ис, фыдыл æнувыддæр уыд. Ныр а фæстаг заманы та бынтондæр аздæхт фыдырдæм. Кæд царды æнæфыст æгъдæуттæн уыйбæрц иицыма æмбæрста, уæд- дæр куыдфæстæмæ йæ зæрдæмæ нал цыд, мад фыдимæ цы дзыхæй дзырдта æмæ йæм цы цæстæй каст, уый. Хæдзары-иу куы уыд Азаухан Тузары æрбацыдмæ, уæд- дæр-иу кæнæ йæ дзаумæттæй исты æхсадта, кæнæ-иу йæхицæн истæуылты иту радау-бадау кодта. Сывæллон нæ, фæлæ-иу дзы йæхи æххормагдзинад дæр ферох, æвæццæгæн, йæхимæ зилгæйæ. Лæппуйы цæстытæ-иу ныуурс сты фыды æрбацыдмæ. Фæлæ уæлæмæ ницы дзырдта. Цыма улæфгæ дæр нæ кодта, уыцы æнæсы- бырттæй йæ уроктæ ахуыр кодта. Æрмæст-иу фыд куы фæзынд, уæд-иу цъил фестад йæ алыварс. * * * Иурайсом Ростислав йæ куыстмæ нæ фæзынд афо- ныл. Фæлæ цæй тыххæй, уымæн Азаухан ницы æмбæрс- та, æмæ йæхимидæг тыхст. Цыдæр ын нæ фаг кодта. Сагъæсы бафтыд. Кæм хъуамæ уа, афонæй раздæр куы вæййы йæ кабинеты. Азаухан дæр ма уымæ гæсгæ раз- дæр цæуын куы байдыдта йæ куыстмæ... Цыма тынг фæллад уыд, уыйау къæйдуры бадт фæ- кодта йе стъолы уæлхъус иу афонмæ. Министр куы æр- бахызт æддаг дуарæй, уæд уый дæр нæ фæхъуыды код- та, цалынмæ йæм йæхæдæг сдзырдта, уæдмæ. 99>
— Азау, цы джихбадт кæныс, дæ райсом хорз! — А-а, ницы... Уæ райсом хорз. — Дæхи æвзæр æнкъарыс, миййаг? — Нæ, нæ, Сослæнбег Гагуыдзовнч. Дысон æрæгмæ схуыссыдтæн æмæ...— сонтæй æрбаймысыд.— Хæдзары куыстытæ кæуылты сты...— Азауханы цæсгом æвиппай- ды фæсырх, æмæ ма адæргæй йæхи гæххæттытимæ ар- хайæг акодта. — Уæдæ хорз, — сдзырдта ма мииистр æмæ йæ ка- бинетмæ бахызт. Рæстæг ныллæууæгау кодта. Иннæ бонтæй хъауджы- дæр уыцы райсом цæуæг нæ уыд иæ министрмæ, нæ йæ хæдивæгмæ. Азауханы амондæи пост æрбахастой æмæ къонвсрттæ гом кæныи райдыдта. — Ничи мæ агуырдта, дæ райсом хорз?—Лæугæ дæр не ’ркодта, афтæмæй йæ кабинетмæ фæраст Рос- тислав. Азауханырдæм ма иу каст фæкодта. — Æгас цæут...— фсстгæйæ сдзырдта. сылгоймаг, æмæ та Ростиславы цæстыты æнгас уæнгты иннæрдæм ахызт. Хурхуадындзтæ ципæй адымстысты, æмæ зæрдæ- йы бирæ нал хъуыдп риуæй ратопынмæ.— Нпчи уæ агуырдта,— йæхицæн дзурæгау ма загъта, стæй фæстæ- мæ æрбадт. Цы къонвсрттæ гом кодта Азаухан, уыдоиы писмо- тæм кæд кæсгæ кодта, уæддæр сын ницы æмбæрста. Сæ фыстытæ дыууæрдæм кодтой цæстыты раз. Æнæбæрæг равæр-бавæр кодта гæххæттыты иу папкæйæ нннæмæ. Газсттæ дæр рафæлдах-бафæлдах акодта, фæлæ сæ иу рæнхъ дæр нæ бакаст. - Æваст министры дуары сæрмæ арæзт дзæнгæрæджы хъæр райхъуыст. Азаухап ма стъæлфæгау дæр фæкодта, цыма йæ уæды онг никуы фсхъуыста, уыйау. Фсстад, йæхи адзæбæхтæ кодта, фæлæ бæлвырд пæ бамбæрста, кæц дзæнгæрæг уыд, уый. Кæцы дуарыл бахнза? Ми- нистрмæ, æви йæ хæдивæгмæ?.. Дзæпгæрæджы дыккаг зылаигмæ дæр нал фæкаст, 100
æндæр æнæмæнг бамбæрстаид, мннистр æм .сидтис, уый, фæлæ зæрдаивæй, йæ къæхтæ йæ чердæм хастой, уыцы дуарыл рæвдз бахызт... Рзст уыцы иу афон, цыма дзырдгонд уыдысты, Рос- тислав та нæ кусæнуатæй рацæйцыд, æмæ Азауханимæ хъæбыс-хъæбыс фесты дуарæй бахизæны. Ростислав Азауханы æваст йæ рпумæ æрбалвæста, сонтæй йын йæ былтæн .ныпъпъа кодта, йæхæдæг дуары æдде фæцис æмæ министры кабпнеты фæмидæг, уый дзæнгæрæг кæй цагъта, уымæ гæсгæ. — Сослæнбег Гагуыдзович, Азауханы агурут? Æз æй кæмæдæр арвыстон. Ныртæккæ йæ ардæм хъæуы. . — Хорз! — æндæр ницы сдзырдта министр. Ростислав раздæхт фæстæмæ æмæ йæ кабннсты дуар фсгом кодта. Азаухан, кæм лæууыд, уырдыгæй нæ фсзмæлыд. Æр- мæст дуары фсгоммæ фсстъæлфыд, æмæ Ростиславы ауынгæйæ йæ буар ныддыд-дыз кодта. Фырцинæй уыд æви фырмæстæй, уый нæ бамбæрста, фæлæ цæсгомы цъар ссыгъд, уæнгтæ азгъæлдысты. Цавддур куы фсста- даид, уæд ын, чн зоны, æнцондæр уыдаид уыцы минут. Ростислав ма йæм сдзырдта: — Сослæнбег Гагуыдзовнч дæу агуры. Уыцы бон æвпрхъау даргъ фæкаст Азауханмæ. Нал æмæ нал изæр кодта. Сæры алы хъуыдытæ знлдух код- той. Кæд, бæлгæ кæмæ кодта хинымæр, уый йыл афтæ æпæнхъæлæджы сæмбæлд, уæддæр йæ цнн бирæ нæ ахаста. Цæмæдæр гæсгæ йæм афтæ кæсын райдыдта, цыма йæм Тузар уайдзæф цæстæнгасæй гуырысхо каст кæндзæи, Олег та йæхи иæуынæг скæндзæн. Былтæ ну æмæ дыууæ сæрфты нæ иыккодта йæ фындзыкæлмæрзæнæй. Уадулты цъар астигъыпы онг сси, уæддæр ма йæм афтæ каст, цыма Ростпславы был- ты фæд нал цæуы. 101
■ Æрнз&р. Кусгæ бон ахицæн: Азаухан зæрдæйы мид- хъуырдух&н æмбæхсгæйæ сæ къæсæрæй куьг-бахызт, уæд йæ фыццаг сныхас уыд: — Олежик, папæ нæма æрбацыд йæ куыстæй? — Нæма. Æмæ дзы цы кæныс?—дисгæнæгау афарс- та лæппу. Ахæм уарзæгой хъæлæсæй æрæджыты ни- куыуал фехъуыста фыды кой. — Цы хæринаг. скæнон, цы- хæрын дæм цæуы? — дзуапп раттыны бæсты та афарста мад. — Цыма йæ нæ зоныс, ма, æвзаргæйæ куы уаид, уæд цы бахæрин, уый? — загъта лæппу, æмæ цины рухс ахъазыд йæцæсгомыл. — Уый бæргæ зонын, фæлæ нæм кæд ссад нæй. Стæй ма нæм картофтæ дæр ис?.. — Æмæ Тузи æрæджы куы æрбахаста ссад дæрæмæ картоф дæр, уæд дзы нал ис?.. — Кæд æрбахаста, уæд ам уыдзысты. Ныртæккæ сæ фендзынæн. Хъыг уыд мадæн лæппуйы æлхыскъ ныхас, фæлæ йын цы загътаид. Раст уыд Олег. Æфсинау никуы зыд- та Азаухаи, йæ рæбыны цы ис, уый. Уыцы изæр, цыма йæ зонгæ кодта, иннæ’ бонтæй хъауджыдæр Тузар раздæр æрбацыд сæ хæдзармæ. Азауханы фынг æвæргæ куы федта, Олег дæр ын æх- хуыс кодта, афтæмæй, уæд ма уый зæрдæйы цинæн кæ- рон кæм уыд.' Айрох та дзы сты йæ мæстытæ, цыма уæв- гæ дæр никуы уыдысты. — Азау, абоны хуызæн мæм, æвæццæгæн, никуы цыд хæрын. Цæмæй йæ базыдтай, дæ хорзæхæй? Уыцы иф- тонгæй дæ куы æрбаййæфтоп. Кæ... («кæдæй-уæдæй» ма зæгъинаг уыдис, фæлæ фырт фæразæй). — Уый æз уыдтæн. Мæн фарста ма, цы хæринаг.- скæнон, зæгъгæ. Дæу дæр агуырдта, куы æрбацыд, уæд. , Тузар йæхи æхсыныл фæцис, Олегмæ ма æхсызгон каст фæкодта, афта*мæй. Азаухан йæхимæ аивæй бакаст кæсæнмæ. Псцы 102
тæвдмæ ,йын цы уадултæ ссырх сты, уыдоныл ссадьг рыг йсдтæмæ куы ницы зынд, уæд фæлмæн худт бакод- та чъиритæ стъолыл æвæргæйæ. — Сбадут, Царв дæр æркæнæд, кæй хъæуы, уый. Æрбадтысты биноптæ стъолы уæлхъус. Æхсæваф кæнынц. Ныхас кæныпыл дæр" фæлгъауынц. Æрмæст сын нывыл иæ бады. Бинонтæ кæд æртæ йсдтæмæ нæ уыдысты, уæддæр сæ алкæмæ дæр хи мидсагъæстæ уы- дис. Æмæ уый тынгдæр мады аххос уыд. Сæ ныхас даср уымæн нал бадт кæрæдзиуыл. Уыцы изæр дæр нæ рауадис, бирæ азты размæ-иу куыд уыдис, афтæ. Азауханы сæры цалынмæ «куы мæ базоной»-ы тасдзинад уыд, уæдмæ йæхи кæлæхы галы уагъд акодта бинонтæм. Фæлæ куы бамбæрста, нæдæр лæг, нæдæр фырт ницы æмбарынц Ростиславæн, уый, уæд та сындæггай йæ хъуыдытæ уыйырдæм аздæхтыс- ты. Куыдфæстæмæ кæй дзырдта (бынтон гобийы бадт гæнæн дæр ын кæм уыд), уый зивæггæнгæ, æпæбары. Æпдæр уыд Тузары уды уавæр. Фырцииæй нал зыд- та, ’цы ма акодтаид. уый. Азауханы тæбæгъы куы къæ- бæр æрæвæры, куы йын царв æркæны. Олег та-иу уæд фыдæн кæстæриуæг кæиынмæ фæци. Хъазæн, хъæлдзæг ныхас кодтой фыд æмæ фырт, худтысты. Фæлæ сæ Азау- хан нæ бафæзмыдта. Бæрæг уыд, йе ’ргом бшюптæй иу- варс кæй аздæхта, уый. Фæлæ уымæн ницыма æмбæрс- та лæг. Æмæ уый дæр, куыд æм хуыздæр каст, афтæ кодта, кæм ын хъæлдзæгдæр уыд, уырдæм йæхи нвæз- та.., * * * Æнамонддзипад адæймаджы «чп дæ?»-йæ нæ фæр- сы. Хонæг дæр нæ агуры йæхимæ. Дуар байгом кæнын- мæ æихъæлмæ нæ кæсы. Кæм февзæры æвиппайды, уым ивылд донау æгъатырæй йæ хъæлæсы ахæссы, анорды, йæ развæпдагыл цыдæриддæр æмæ кæйдæриддæр сса- 103
ры, уый. ’Уынмæ, адæймаг æнхъæл кæм нæ вæййы/’арæх- дæр уырдыгæй сдары йё ’лгъыстаг сæр. Тузары чысыл бинонтæм дæр йæхи фæхъуынджын кодта цард. Оледжы сын æнæхъæлæджы æрцахстой, йе ’мгар лæппутимæ давды фæдыл. Мад æмæ фыд цавд- дуртау фесты. Азауханы тынгдæр йæ худинаг удхары бафтыдта, йæхи номæн фæтарст фæчъизийæ. Цы цæс- гомæй ма бацæудзæн йæ куыстуатмæ, давæджы мады ном дзы куы айхъуыса, уæд? Цы фенхъæл уыдзæн Рос- тик (афтæ хоиын райдыдта Ростиславы)? Тузарæн та æндæр артыл сыгъдис йæ игæр. Худи- наджы хъуыддаг кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгондзи- над нæ дæтты. Фæлæ уæддæр фыдæи сæйрагдæр уый( мидæг иæ уыд. «Ау, мæ иунæг лæппу куыд ныллæууыд ахæм фæндагыл? Фыдуагдзинадыл хæст сывæллон куы нæ уыд, фысы комæй хал куы пæ раластаид... Уæд ныр ай цавæр мардæрцыды хабар у? Цæмæп ма у мæ цард, иунæг Олегæй дæр ма куы нæ рауайа лæг, уæд?.. Цæ- мæйдæр фæрæдыдтæн, æвæццæгæн, уый æмбарын. Фæ- лæ йæм фаг цæстдард нæ уыд мадырдыгæй, дæр. Мас* куыст нæ, фæлæ мæ мæ царддæр нал хъæуы фæлтау...» Ахæм мидхъуырдухæны бын фæци Тузары сæр. Зæр- дæ йæхи къултыл хойгæ сау пиллон арт уагъта фыр- тыхст æмæ фырмæстæй. Мæгуыр æнамонд фыд цæмæй зыдта, йæхимæ дæр ын цы фыдбылыз каст, æмæ нал базондзæн, йæ лæппу быитон æнаххосæй бахауд милицæмæ, уый. Нал ба- зондзæн, чи зоны, йæ амопдæн, ноджыдæр бирæ цыдæр- тæ... Дыккаг бон чъырдур куыд рацæйласта Тузар Дай- раны комы, афтæ æнæнхъæлæджы къæдзæхы фæсти- гъæй фæндаджы астæумæ рауад фиййæутты куыдз4 дыу- у& къæбылаимæ. Тузармæ сонтæй афтæ фæкаст, цыма йæ размæ мад йæ сывæллæттимæ фæцис. Куы сæ ассæн- да, уый тæссæй йæ машинæ чысыл рахизырдæм фæ- зылдта, фæлæ йæ фæстæмæ фездахын йæ бон нал бацис. 104
Дурæй цъупдзаг гуыффæйы.уæз нуырдæм фефсæрста, æмæ — дæ балгъитæг афтæ. Машипæ былæй атахт æмæ сæрбихъуырæйттæгæнгæ доны астæу йæ цæлхъ фæцыд. Фиййæуттæ ма бæргæ фæфæдис сты, удæгасæй’ ма баййæфтоц Тузары, фæлæ æмбаргæ ницыуал кодта. Ба- царæфтыд, мæгуырæг. Чысыл раздæр ма йæ нунæг фыр- ты сагъæстæ æмæ мæтæй йæ сæр _ дзæгъæлтæ кæмаен кодта зæрдæйы бирæ рæсугъд фæндтæй, уый ныр сау чырынмæ бахызт... Æнцои нæ уыд Азауханæн Тузары æбуалгъ хабар фсхъусын: «Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та рæхуыст», зæгъгæ, уыйау ын цыма йæ лæппуйы маст æгъгъæд пæ уыд. Æваст цы фæцис, уый æмбаргæ дæр нал бакодт.а. Бауадзыг. Иуцасдæрмæ. нс. ^рчъицыдта. Ах,æм æнæнхъæлæджы хабар!.. Æппынфæстаг йæхи æрæмбæрста, фæлæ уыцы джихæй бадт. Чи зоны, Ту- зары -^н^амонд уды сæфтыл нæ рыст йæ зæрдæ. Куыд хъуамæ ’дара йæхи, куыд аивдæр уыдзæн, æвæццæгæн, ууыл уыдйс иæ сæйрагдæр сагъæс. Адæм мæрдджынмæ фæк-æсыиц, уый рисыл фæриссынц, уый мастыл фæхъыг кæнынц. Фæлæ уæддæр куыд хъуамæ йæхи дара?.. — Азаухан, цы æрцæуа, уымæн ницыуал гæнæн ,ис. Уæларвæй судзгæ ’хсидав æрхауæгау — махæн дæр тынг зын,*тынг хъыг у Тузары бабын, фæлæ фæразЫцæй хуыздæр нпцы ис. Дæхиуыл хъуамæ хæцай. Дæ лæп- цу — лæджы бындзæфхад. Уымæн дæр пыфсытæ хъуа- мæ ды æвæрай. Мацæуыл тыхс. Цыдæриддæр хъæуы кæньш, уыдоы мах сараздзыстæм, Дæ зæрдæ мацæмæ æхсайæд...—Ахæм пыфсытæ æвæрæн ныхæстæ кодта министр Азауханæн, Ростислав дæр сæ разы, афтæмæй. . — Бузныг, Сослæнбег Гагуыдзо...—æндæр ницыуал сфæрæзта сдзурын Азаухан. — Хъуыддагæн йс ’рцæуынæй тæрс, фæлæ куы æр- цæуа, уæд- та фидар лæууын хъæуы. Хуыздæр гæпæн нæй, мæ хур. > , — Азаухан, кæуынæй ницыуал ис ныртæккæ...— рай- 105
дыдта Ростислав дæр, æмæ сылгоймаг ноджы хъæр’дæ- рæй иыккуыдта. Тузары мард сæхимæ айстой хæстæджытæ, зонгæтæ. Тынгдæр архайдта Ростислав. Раст цыма йæ хæрзæм- хæрæфырт, науæд йе ’мсиахс уыд, кæнæ иннæтæи сега- сæй хæдзармæ рæбинагдæр, уыйау алы хъуыддагмæ дæр йæ хъус дардта. Адæмы цæст уынаг у, æмæ йыл дисæй мардысты... . Дыккаг бои Тузар кад æмæ радимæ йæ сыджыты ханыл сæмбæлд. * * * Тузары уæлмæрдтæм ахæссыны агъоммæ Олег ти- гъæй куы æрбазынд (æнæ хъалагъурæй цæуыны бар ын уыд, æмæ йæ рауагътой йæ фыды мардмæ) æмзе йа* кæуын куы æрбайхъуыст, уæд мæрддзыгойы адæмæй иу дæр ахæм нал уыд, уый богъ-богъмæ чи ис скуыдта. Суапг ма, бнрæ азты дæргъы кæуынæй чи бафæллад æмæ нæ цæстыты доп кæмæн б’айсыст, уыцы хистæртæ дæр Олсджы тæригъæдмæ нæ фæрæзтой кæсын. Сæ уымæл, цардвæллад зæронд уадултæ асæрф-асæрф код- той. Олег йæ фыды мардыл ныддæлгом, афтæмæй йæхи æргæвста кæуынæй. Тузарæи йæ хотæ дæр кæрæдзи дзыхæй исгæйæ зæр- дæхалæн хъарджытæй нс ’нцадысты. Сæ рустыл цъар нал ныууагътой, уадултыл тугхæццæ цæстысыг уад дæ- лæмæ... Чи баурæдтанд йæ цæстысыг уыдоны æрдиагмæ. Азаухан та марды чырыны фарсмæ фæлурс, æнæуд- хуызæй лæууыд. Къухтыхæцъил фындзы бынæй нæ ис- та, кæд-иу дзы цæстытæ асæрфта, æндæр. Бирæйы зæрдæмæ пæ цыдис, сылгоймаг йæхи куыд дардта йæ лæджы марды уæлхъус, уый. Раст цыма Азау- хан нæ, фæлæ мæрдджын æидæр исчи уыд. Фæлæ йын 106
чп дъуамф ,цы загътаид?, Тузары хотæ ууыд иæ уыдыс- ты. Æцæгэедæтты та цы хъуыддаг уыд... Л^хсæвы, мæрддзыгойы фæстæ, сæхи бар куы базза- дысты биноитæ, уæддæр йæ кæуын нæ урæдта Олег.* Уыцы\зæрдæхалæн ныхæстæгæнгæ йæ фыды сынтæджы раз сбадт, æмæ, йеуæ-мардзæ, зæгъгæ, йехæ-йехæйæ нал æнцад. Мад æй сабыр кодта: «Исты кæндзæн дæ чысыл зæрдæ»] Фæлæ лæппуйæн цыма йæ сæрызоид фæцыд, кæнæ къуырма баци,— йæ кæуынæй не ’нцад. Оледжы æрдиагмæ хъусынæй куынæуал фæрæзта мад, уæд ын бауайдзæф кодта: — Уыцы хуызæнæй йæ уæд уæлæуыл хъуыды кæнын хъуыд. йæ зæрдæнизæн ахæстоны ма смидæг уыдаис... Лæлпуйы зæрдæ цыма исчи тæвд уæхстæй барæхуыс- та, уыйау фæцъæхахст, кодта мадыл: «Ныууадз!» Фыц- цаг афæлурс, стæй цæсгом .саумылазоп ацис фырмæс- тæй. Цæстытæ сæ къусчытæй рацæйхаудтой. — Мамæ! Ницы æмбарыс ды, ницы! Ницы æмбарыс! Кæд афтæ æнхъæл дæ, уæд æз райсоммæ дæр нал лæу- уын.ам, нал! Ныртæккæ ацæудзынæн... Уадз æмæ...— æндæр ницыуал сфæрæзта дзурын. Мад хорзау нал фæци, ныккуыдта. Бамбæрста, фæ- рæдыд, уый. Нæ йæ хъуыдис фидис кæнын лæппуйæн. Угелдайдæр уыцы тыхст æмæ рыст сахат. Лæппутæн сæ хъуыддаг иырма æвзæрст дæр нæма у. Фондзæй сæ æр- цахстой, фæлæ нæма у бæрæг, чи сæ цас аххосджын у, уый... — Олсжик, мæ къона, æз дын æй фидис, миййаг, нæ кæнын,— къæмдзæстыгхуызæй загъта мад.— Фыркуы- дæйнсты куы кæнай... дæ зæрдæ исты... — Ма мын тæригъæд кæп уымæй.— Лæппу нал суагъта дзурын мады.— Мæнæн мæ фьтд нал ис. Стæй... Тузийы ды мæ хуызæн пæ уарзтай... Дæуæн...— зæгъгæ ма бакодта уыцы кæугæ-кæуын даæ, рацыд иннæ уат- мæ, йæ фыдыхойы размæ. Азауханæн цыма исчи йæ уадул ныдздзæхст ласта,— 107
æвиппайды йæ цæсгом асырх. Фырмæстæй былтæ ацъæх сты. Буары нуæрттæ фæтæпп-фæтæпп байдыдтой. ьдзу- рыимæ дæр нал арæхст. Йæ цæстытыл ауад, Ту^арыл чфыццаг хатт куыд фембæлд, уый. Цас хæлæгтæнджытæ йæм уыди уыйфæстæ, мой йæм куы скодта, уæд!.. Ивгъуыд царды нывтæ сæ кæрæдзийы ивгæ -афтæ тагъд гæппытæ кодтой, æмæ, Тузар тары аууон куыд фæцис, уый нал бамбæрста. Цæстыты раз фсвзæрд Рос- тислав. Йс уæнгтæ æрлæмæгъ сты бынтондæр. Æрбадт баидоныл... Æмæ та æваст йæ хъустæ ацахстой йæ фырты уайдзæф: «Тузийы ды мæ хуызæн нæ уарзтай... Дæуæн»... — йæ зæрдæ бадзой-дзой кодта адæргæй. «Ау, исты бамбæрста Ростиславæн? — хъуыды кæ- ныныл фæци Азаухан.— Куыд мæм сфæрæзта ахæм уайдзæф?.. Йæ фыды мард нырма нæма иыууазал, аф- тæмæй уыйбæрц чи æрбауæндыд, уый фæстæдæр цы уыдзæн?..» Бæргæ архайдта, цæмæй йып ма уыдаид сывæллон... Ныр ын ахæм фидис нæ бакодтапд... Уый та дын цот æмæ йæ дзæбæхдзинад... Æндæр хорз ма фенæд, «æнæ цотæй цæрæн нæй» чп загъта фыццаджыдæр^ уый. Дæ фыдæбонæй уæлдай ма дын... дæ риуыдзаг маст. Уыцы хъуыдытæгæнгæ æнæрхъуыдыйæ Тузары сын- тæджы сæрмæ фæкомкоммæ сæ иумæ ист къаммæ. Зæр- дæ кæддæрау æваст йæ цины базыртæ батылдта. Куыд амондджын уыд Азаухан уæд. ,Исчи ма йын куы загъ- таид, фæлæ йæхæдæг æмбæрста йæ амонд. йæхæдæг уыд сæрыстыр Тузарæй. Ныр цыма йæ лæджы æдзы- нæг кастæй æфсæрмы фæцис:, кæнæ цæмæйдæр фæтарст, уыйау сонтæй фестад æмæ адæргæй тыргъмæ рахызт; Иннæ уаты Олсг кæуынвæллад хъæлæсæй йæ фыды- хоимæ цæуылдæр сабыр ныхас кодта. Азаухан уый ай- хъусгæйæ йæхимпдæг æрбатыхст, йæ зæрдыл та æрба- лæууыд йæ фырты уайдзæф æмæ фæстæмæ æрбаздæхт уатмæ. 108
\ * * * Ррстислав быитондæр йæ зæрдæйы рохтæ суагъта. Мæй1дæр нæма рацыд Тузары амардыл, афтæмæй Азау- ханы ну раи иал уагъта. Йæхн ус кæд уындæй, чи зоны, цауддæр уыд, уæддæр æгъдауæй, æфсармæй, хъаруйæ, удыхъæдæй — Азауханæй домбайдæр. Фæлæ лæг цыма æвиппайды куырм баци, кæнæ сæрæй фæхъуаг — йæ биионта^м йæ чъылдым фездæхта. Йæ уæйгуыты хуы- зæн дыууæ лæппуйы дæр æй нал æндæвтой Азауханы раз. НыЬ ндæдз у,< æмæ йæм бынтондæр сныфсджын. Алы æфсæнттæй Азауханы фæстиат кодта фæскуыст. Æрмæст йе ’гæрон цыбæл зæрдæйы фæндтæй нпцы уад. Æмæ йæ уый ноджы æррадæр кодта. Фæлæ Азаухан аф- тæ ныллæгмæ нæма æруагъта йæхи. Иуæй — йæ лæджы ипгæиы сыджыт хус дæр нæма баци, нннæмæй —чъизи митæ нæ хаста йæ сæрмæ. Оледжы хъуыддаг дæр ын йæ зæрдæ агандта, сагъæсы йæ æфтьтдта йæ æбæлвырд- дзннад... Бадыиц ахстæй фондз лæппуйы мин сомы бæрц ду- канийæ æхца адавды тыххæй. Бадынц, фæлæ куыд уы- дис хабар, уымæн мад ницы зоны, лæппу та йын æй зæгъгæ нал кæны. Æгæр ын скъахта йæ зæрдæ, Тузары куы баныгæдтой, уыцы изæр. Уымæй размæ æнæзын- гæйæ фæдын цы авг райдыдта, уый уæд ныкъкъæрцц ласта... ...Уыцы бон, цыма барæй, фæстаг дыууæ урочы нæ уыд Олегæн, æмæ йе ’мбæлттæй иуимæ хъазæн, худæн ныхасгæнгæ скъолайæ фæцæйцыдис сæхимæ. Уынгæ дæр нæ акодтой лæппутæ, сс скъоладзаутæй æртæйæ тарстхуызæй сæ размæ кæцæй фесты, уый. Цыма тынг хорз хæлæрттæ уыдысты, уыйау семæ цæуыныл фесты фæстæмæ фæкæс:фæкæсгæнгæ. Чысыл куы ауадысты, уæд сыл чи æрбафтыд, уыдо- нæп сæ бæрзонддæр Оледжы пъартфелы цыдæр гæх- хæтты- тыхтон атъыста. Уый та цы у, зæгъгæ, дæр æй 109
нал афарста Олег, афтæ сæ размæ милицæйы маш/шæ фæурæдта æмæ дзы æртæ гæрзифтонг лæджы рагæлпы- тæ кодтош Сæ хæрз фæстæ-^сылгоймаг, . .,.< ..... : — Хæцут сыл; уыдон уыдысты! —фæхъæр кодта/сыл- гоймаг, æмæ æртæ лæппуйы алырдæм лидзыныл (^есты. Олег æмæ йе ’мбал, цы æрцыд, уый æмбарг& дæр нæ бакодтой æмæ сæ бынæтты лæугæ баззадысты. Уыйадыл, цалынмæ скъолайæ сæхимæ хæццæ кодта Олег, уæдмæ давæгæй агæпп ласта. Йæ пъартфелы ра- зындысты давæггаг æхцатæ... / Иуцасдæр рæстæг рацыд уæдæй. Тузар баоын. Ба- ныгæдтой йæ. Иæ фæстæ бинонты мыды къæ^ ,бахауд. Асаст, æппæтæй зынаргъдæр æмæ хъахъхъæнинагдæр чи у, уыцы цырагъы авг. Асаст, фæлæ ма йын уыдис баныхасæн зæрдæйы мыдадзæмдых хъарм тугæй. Фæ- лæ, фæлæ.., Ростислав цы скарста йæ зæрдæйы, цы нысан сæ- вæрдта йæ размæ, уымæй иуварс нал здæхт. Йё ’гæрон хиуарзондзииад афтæ тынг скуыста, æмæ йæ сæрмæ нал хаста, йæ фæндæй мацы рауайа, уый. Азауханы йедтæ- мæ йæ ницыуал хъуыдис зæххыл. Уыцы фæнды сæрап- понд цыдæриддæр бакодтаид. Сылгоймаг та дын. уый бамбара, цы. Нæлгоймагæн йæхи дæр ..æрцауындзын кæндзæн мæстæй, уæддæр ын йæ цыбæл монцты рохтæ не суадздзæн уæгъдæй, цалынмæ йæ бафæида, уæдмæ. Дывыдон арты бахауд Ростислав. Нал бинонтæй уыд, кæд ма нумæ цардысты, уæддæр. Лæг æмæ ус æцæгæ- лæттæй уæлдай нал уыдысты кæрæдзийæн. Нæ йæ Азау- хан уагъта йæхимæ хæстæг, кæд æм йæхи зæрдæ къад- дæр не ’хсайдта, уæддæр. Ростислав æппындæр йæхицæн нал ардта бынат. Бынтондæр сдзæгъæл йæ сæр... — Азаухан, дæуæй зыиаргъдæр мын зæххыл ницы ис, уый куы зоныс, уæд ма мæ цæуыл удхарæй марыс? Цавæр дурзæрдæ дæ, цавæр фæрсты фидар дын ис?.. — Ростик, дæу цы фæнды, баууæнд мыл» уымæн 110
ньгома ’гæ’нæн нæй. Бамбар мæ. Афæдз дæр нæма ра- цьщ нырма... йæ йнгæны сыджыт кæрдæджы бын уæд та (шеуа... Чн мæ цы схсждзæн?.. -V Уыцы иыхæстæ фехъуыстон, Азау. Мауал мын сæ доур... Загътон дын, стæй йæ дæхæдæг дæр зоныс: алчиДæр йæхи тыххæй кæны мæлгæ дæр æмæ цæргæ дæр. Афтæ æнхъæлыс, æмæ дæ лæг йæхицæй моладзан сарæздаид?.. — Æз уый нæ зæгъын, Ростик. Цæуылнæ мæ æм- барыс, йдæм цы зæгъдзысты?.. Цы цæсгомæй ма рацæ- унс дæ ккуыстмæ, дæ бинонты куы ныууадзнс, уæд?.. — Уый мæт дæ ма уæд. Мæ фырттæ ныр лæгтæ сты. Сæ мадьп дарыны фаг уыдзысты... «Сæ мады дарыны фаг...— ныхъхъуыды кодта йæхи- нымæр Азаухаи.— Олежнк та, мæгуыр, æнæ фыд, æнæ мадæй кæувдæр хъизæмар, тухæитæ кæны... Йæ фыд æй бæргæ нæ, ныууагътаид уыцы уавæры...» — О, д& фырттæ сæ мадимæ баззайдзысты, фæлæ Олег... — Гъе, уæууæй, Азау, Оледжы кой та цы кæныс? — былысчънлæй зæгъы Ростислав.— Кад дын скодта, мий- йаг?.. Лæг у уын дæр ныр. Давын чи зоны, уый сæфын нæ бауадздзæн йæхи. Лæг амалæн конд у... Ростислав кæй нæ загъта æргомæй, уый дæр Азау- хан бамбæрста. Кæй зæгъыи æй хъæуы, æхсызгон ын нæ уыд ахæм ныхас. — Ростик, цал хатты дын загътон, уый кой ахæм хуызы ма кæн, зæгъгæ? Абон дæр мæ нæ уырны, Олежик радавын зонгæ дæр бакодтаид, уый... Нæ сарæхстаид... — Базыдта, нæ базыдта — сарæхст. Цалдæр азы куы абада, уæд ын афтæ æнхъæл нал уыдзынæ. Стæй... — Ростик!.. — Цæй, хорз, хорз. Ды мæсты кæнай, уый аккаг нæу дæ фырт... — Зæрдæ дып нæн æппындæр, æви мæ фыдæиæн афтæ кæныс? Мæгуыр куы у, цæуыннæ йæ ныууадзыс?.. 111
— Зæрдæ дæуæн нæй, .марн удхарæй-чи дозры. / — Ростик, афтæ куы зæгъыс, мæнэей...— нал сшæ-т рæзта дзурын Азаухан. йæ зæрдæ суынгæг, æмæ/ йæ цæстытæ йæ фындзыкæлмæрзæнæй амбæрзта, скæтын- мæ йæ бирæ нал хъуыд. , . / Ростислав фембæрста йæ рæдыд. Æрфæсмон шдта, Фæлæ уый уыцы.сахат, уыцы уавæры иицыуал мардта. Æмæ йæхи раст кæныиыл фæцис. / — Бахатыр кæн, Азау. Мæ сæр мын сдзæгъæл код- тай. Цы фæдзурын, уьш хаттæй-хатт мæхæдæг дæр нал фсмбарып... | Доны æртах иудадзыгдæр иу ранмæ куы ха^а æнæ- рынцайгæйæ, уæд, æвæццæгæн, дуры дæр ахнздзæн иннæрдæм. ( / Ростислав дæр Азауханы басаста. Р1æ фыртыл дæр нал ахъуыды кодта, афтæмæй сразы ис мой ((кæныныл. Æрмæст Ирыстоны зæххыл куыннæ цæрой, уафтæмæй-. Уыйбæрц худипаг нæ сæрмæ нæ хæссы, æмæ-иу искуы уынджы фæцæйцæугæйæ адæм къухæй амоной: «Уæр- тæ уыцы æдзæсгом идæдз афæдз дæр нæ бафæрæзт йæ .мойы фæстæ, афтæмæй кæйдæр лæджы байста». Уæ- дæ хæстæджытæн дæр ахæм ми æхсызгон кæм уыдзæиг’ Олег дæр цæрæнбонты хъомыладон колонийы кæм бад- дзæн? Сæр æрхъуыдыйæн у, лæг — амалæн. Иугæр ног амондæп бынат ссарыпы онг бахæццæ хъуыддаг, уæд уый зын нал у. Æнæкæрон—нæ бæстæ, дидинæгджын,— йæ фæзтæ. Равзар дæхицæн, кæм хуыздæр уыдзæн, уый.., Ростислав йæ куыстæй йæхи суæгъд кæнын кодта, Сыбырмæ цæуын, зæгъгæ. — Цалынмæ ма адæймагмæ хъару ис, уæдмæ искуы фæуын дæр æмæ исты фенын дæр æмбæлы.— Афтае дзырдта Ростислав министрæн. Ахуыр кæнынмæ мæ æрвитынц Ленипградмæ, курсьг- тæм, зæгъгæ, та бинонты афæлывта. Йæ дзаумæтты дзæ- бæхдæртæй дыууæ чумæдапы байдзаг кодта æмæ иу- 112
бЬн Мшшоды аэропорты автобусæй .æрхызт. . Уым йæ раймæ рацыд Азаухан тæмæнтæ калгæ, цыма.йыд ссæдз азы дæр. нæ цыд, ахæм арæзтæй. Ростислав дæр уьтцы сахвт йæ азтæй æрыгондæрхуыз уыдис бакастæй. Иæ митæ та-^-алы лæппу дæр.афтæ куы арæхсид йæ уар- зон чызгæн зæрдæйы фаг рæвдауæн кæстæриуæгдзинад- мæ. |?сстораны бадгæйæ сыл иæ цæст чи не ’рхаста, иу дæр юсæм нæ уыд. Фæлæ, сын пичи ницы раиртæста. Цы. сш кæрæдзийæи, сæ кармæ гæсгæ сыи куыд не ’мбæлы, афтæ цин чи кæны иу ипнæуыл, уыдон... Стæй чындзаксæвы.ба’дынц, уый дæр. - . Сæ тынгæвæрд æмбискъахыр дæр нæ фæцис, афтæ- мæй Роетислав æмæ’Азаухан лæг æмæ усæй бабадты- сты у.æляæфон науы æмæ абалц кодтой цæгатырдæм. 1 ’ * * * Оледлш пъартфелы гæххæтты тыхтои чи атъыста æхцаимæ, уыцы лæппу бынтон æдзæсгом,æмæ тæппуд лазынд. На^ басаст æхцайы давдыл. Уæвгæ, давæгыл >а цæсгом кæд уыд?! Тузар ма æгас куы уыдаид, уæд йæ иунæг хъæбулы рæстдзииад зæххы бынæй дæр скъахтаид, фæлæ нал ис. Мад та йæ сæрыл сдзурын нæ, фæлæ иæ фæдыл акæ- сын дæр эефсæрмы кодта. Давæджы мады номæй йæм исчи куы сдзурайы тæссæй... Йæ хур ыл аныгуыла æнусмæ, йæ хъæбул цæрайы бæсты йæхи уд, йæхн номы кой чи кæны, йæ фæстæ ф’æд ныууадзыны монцæн йæ цард чи нæ кæиы пывонд йæ кæстæрæн... Мæгуыр сидзæр Олег фæкæсыны фыдæй, зыбыты æнаххосæй æрвыст æрцыд, йæ кары чи нæма бацыд^ ахæм аххосджынты хъомыладон колопимæ. Р1æ фыды амард чи нæ фæрæзта бауромын, нæхи амарыны онг чи уыд фыртыхстæй, уымæп куыниæ атыдтон йæ фæрс- тæ мæстæй... Р1æ сидзæрдзииад æй бынтоидæр бауыр- ныдта. Боны рухс, хуры фæлмæн тыны хъармад иал иа
хъардта йæ рыствæллад удмæ. Æмæ та но^ цæф. Зм- мæгон арвы нæрдау ыл æртыккаг риуыгъд дæр æрцыд. Йæ царды фæстаг ныфсы цæджындз схъиссаст фæцис, æнцойæн нал бæззы. Фæфæлдæхы цæстуынгæйæ. / Азаухапæй хæстæгдæр æм ничиуал ис йæ цардьь Æмæ иыр уыцы ныййарæг, йæ зæрдæйы иунæг фжстаг ныфс, мады кадджын иомыл цъыф къахæй æрлæууыд.., Чи бабыхсдзæн ахæм мастæп? Йæ лæджы ннгæ^г уæл- мæрдты астæу нывыл конд дæр нæма у, афтæмæй кæй- дæр лæджы фæстæ ныббыдайт... «О, куы нæ рарнгуыр- даин фæлтау. Нал мын ис мад, нал мын ис мад»...— хъæрзыдис лæппу. ’ у Бпрæ сусæг цæстысыг ныккалдта Олег, мада хабар æм куы байхъуыст, уыцы бонты. Бирæ фæхъуыды ’кодта, кæд саби уыд, уæддæр, йæ сомбон, йæ фпдæный. Сфæнд кодта йæхи аивын кæныныл æндæр ранмæ. «Йрыстоны куыннæ уон, афтæ,—скарста йæ мæгуыр зонда^й :Олег,— уым мын ничн зондзæн мæ мады хабар. НикуЫ мын ничи бадардзæн мæ цæстмæ йе ’дзæсгомдзйнад»... * * * Зæрдæ сайаг у. Куы бауарзы, уæд æм афтæ фæкæ- сы иудадзыгдæр, цыма цард у æрмæстдæр цйи, æиæкæ- рон хъæлдзæгдзипад æмæ амонд. Денджызыхъазау дзы ленк кæн хуры хъарммæ. Æхсырæфсæст æнæмæт уæ- рыккау каф астымы цъæх гауызыл. Хуссайраг булæ- м**фгъау зар æмæ зар... Ростислав æмæ Азаухан дæр хъæлдзæг, цинæфсæс- тæй абалц кодтой даргъ фæндагыл. Раст сæм, фыццаг хатт цы чызг æмæ лæппу бауа’рзынц кæрæдзийы, уыдон дæр бахæлæг кодтаиккой. Цыма сæ иу нннæмæн ав- джын дзаума уыд æмæ йын асæттынæй тарст, афтæ зынд сæ алы фезмæлд, сæ алы санчъехæй дæр. Сæ’’ныхасы- хъæд дæр уыйразмæйы хуызæн нал уыд. Кæрæдзийы цинæй н^ ’фсæстысты. Диссаг уыд, уыцыхуызæнæй уыцы 114
\ кавмæ æиæ дсæрæдзи куыд бафæрæзтои, уый. Сæ хъуыд- дæктæ дæр диссаджы дзæбæх цыдысты райдианæй фæс- тæмæ. , . , . .Æнæзонгæ горæты æрфысымуат кодтой. Ростислав дыууæ б^оцы дæр нæ баззад æгуыстæй. Иу чысылгомау куыс4уаты хистæр инженерæй райдыдта кусын, Азау- хан дæр, æикъард ма кæна æгуыстæй, зæгъгæ, къуыри- йы бо?1мæ уырдæм бацыд кассирæй. Ницæмæй фæцудыдтой, ницыхъуаг уыдысты. Алцы- дæр. сæм. уыд æнæмæт, хъæлдзæг цард кæнынæн, Æр- мæст сæ .уæгъд рæстæг цы фæкодтаиккой фæскуыст’,- уый пæзвдтой. Горæт — чысыл, адæм дæр афтæ» Æмæ дзы уæгъд змæлæг фенæн ыæ уыд. Хæстæг зонгæтЦ кæнæ лымæнтæ сын уæвгæ нæма уыд. Æмæ сæхи кæ- рæдзи рæвдауынæй ирхæфстой, нозтæй-иу бахъæлдзæг сты. .# Æнæмæт цард кодтой, æрвыстой сæ рæстæг «æры- гон» лæг. æмæ ус иуцасдæрмæ. Фæлæ сын уый бирæ нæ ахаста. Азауханы зæрдæйы арф кæцæйдæр сцавтой ма- ды. '.нкъарæнтæ. Оледжы мысын райдыдта, кæд Рости- славæн ницы дзырдта, уæддæр. Фысгæ дæр æм ныккод- та дыууæ.хатты. Фæлæ... «Уæ-фырт ам нал ис. Æндæр ранмæ æрвыст æр- цыд».— Ахæм цыбыр дзуапп райста мад, Олег цы ко- лонийы уыд, уый хицауадæй. Фæлæ кæдæм, кæд æмæ цæмæн, уымæн ницы бамбæрста. Æгæр цыбыр æмæ цæхгæр дз.уапп кæй райста йæ фырты тыххæй, уый йæ цыма тарф фынæйæ райхъал кодта — бынтондæр йæ зæрдæйае.,нал цух кодта йæ фырт. Тыхст хинымæр.| Мидхъуырдухæн кодта. Æмæ куыдфæстæмæ зæрдæйы сусæг мидсагъæс чысылгай позтæй æхсын райдыдга. Куыннæ йæ бафиппайдтаид Ростислав. Æнæ уæлæмæ нсты дзургæ дисы бацыд: «Ай ну хуыпп скæнын дæр куы нæ куымдта æмæ йæ ныр йæхи дзыхæй агурыц к>ы райдыдта...» .Нозтæй .уæлдай Азаухан хъазæнæмхасæл тамако 115
дымынмæ дæр бавиæлдта. Фæлæ йæм уæддæр ницы дзырдта лæг. / Кæд æй кæрæдзийæ æмбæхстой, уæддæр Ростп^лав æмæ Азауханы уарзондзинады арты сыгъд бæлинырд фæмыиæгдæр. Сæ амонды цъæхснаг зарæг ’фæсус кæ- нын райдыдта. \ * * * ; Ростиславы фæлывд ми бирæ рæстæджы дæр^ъы нæ баззад æнæ рахъæрæн. Адæмы цæст уынаг у, йе ’взаг та — зæгъаг. Къуырийы боимæ йæ бннойнаг Сæ- лизæты хъустыл æрцыд, йæ сæр бæрзæндты кæмæй хаста, уый йæ æвиппайды сидзæргæсæй кæй’ фæуагъ- та, уый. Йæ марды хабар æм куы байхъуыстанд, уæд ын, æвæццæгæн, афтæ зын нæ уыдаид. Мæлгæ алчидæр кæны. Никæн боп ницы у. Æнамонддзинадимæ хъæбы- сæй хæцæп иæй. Фæразып ын хъæуы, æмæ адæймаг фæ- разы. Фæлæ ныр цы кæна? Цы зæгъа йæ сывæллæттæн, куыд сын бамбарын кæиа, нæ лæг цы бакуыста, уый? Фынддæс азæй фылдæр фæцардыстьт Ростислав æмæ Сæлизæт иумæ. Дыууæ сывæллоны схъомыл кодтой, æрхъæцмæ дæр сыл нæ хъæцыдысты. Фæлæ уæддæр ус лæджы зæрдæйы сусæг æвæрæптæ нæ базыдта. Афтæ йæм кастнс, æмæ йæ лæгæй раздæр куы амардаид, уæд- дæр уый дыккаг сылгоймаг нал саккаг кодтаид йæхи- цæн. Сæлнзæт йæхæдæг дæр йæ лæджы фæстæ мой шшæйтыххæйуал скодтаид. Сæ дыууæ хъæбулæи йæ сæр йывондæн æрхастаид. Цыфæнды мæгуырдзинадæн дæр бафæрæзтаид, суанг низæфхæрдæн дæр. Фæлæ иыр цы загъа зонгæтæп, сæ хæлæрттæн, йæ лæ’ппутæн? Алцыдæр куы æмбарынц... асайыи куы нæ бакойдзысты. Хистæр лæппу Артур —цыппæрдæсаз- дзыд. Фындзы бын гæзæмæ фæмнл. Æхсар—дыууадæс- аздзыд, ныфсхаст, алцыдæр æмбары. Мад йæ сы’вæл- лæттæй кæй сусæг ’кодта, уый сæ хъустыл æрцыд. Æмæ 116
иу]изæр Артур тарæрфыгæй куы æрбахыат сæ къæсæ- рæи, уæд мадæп йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Лæппу йæм фæразæй: Д- Мамæ, адæм раст дзурынц?.. -А Лдæм истытæ дзурынæй фылдæр цы кæнынц, мæ къона. — Дзурæнт цыфæпды дæр... Фæлæ нæ папæ ныу- уагъта, зæгъгæ, цæмæн дзурынц? — Æмæ афтæ куы уа, уæддæр цы?..— фæрæвдз æм мад.—Æиæ папæйæ4 ничи фæцæры?.. — Цæрынц, кæмæи нал сты, уыдон... Фæлæ махæн та... — Ма мæсты кæи, мæ къона. Чи зоны, адæм дзæ- гъæл ныхас дæр кæнынц... Ау, Æхсары куыд ныууадз- дзæн сидзæрæй?.: — Уагъд дæр ма йæ фæци. Адæм дзæгъæлы иæ дзур- дзысты. Кæимæ алыгъд, уый дæр ма зонынц. — Мæсты ма кæн, Артур. Дард нæ фæлидздзæп дæ* фыд. Иузаманы йæ нæхæдзармæ хъæуы. — Фæзына, нæ фæзына, æз кæй нæ хъæуын, уый мæн дæр нæ хъæуы. — Мæп хъæуы папæ,— æваст бафнппандта Æхсар. — Ды та дæ дзыхыл хæц! Ницыма æмбарыс!—йæ* хъуыры абадт уымæн дæр Артур, йæхæдæг дуары æдде фæцпс. Цы загътаид мад? Раст уыд нæ хъæбул. Нæ йæ фæн- дыд баууæндыи, Ростислав бынтондæр ацыд йæ бинон- тæй æмæ сæм нал æрбаздæхдзæн, ууыл. Цыдæриддæр ын ныббардзæн, æрмæст йæхи бинонтæм раздæхæд... Адæймаг хиопы аххосджын нæ фæхопы, фæлæ ис- кæн фæкæны азымджын. Сæлизæт дæр раст афтæ: цы- ма йын йæ лæджы нсчи архъанæй аласта йæ фæдыл. Азауханы фæсаууопмæ æлгъыста, Ростиславы йын чи сæрра кодта, йæ уарзон бипонтæй кæй аххосæй фæха- уæццаг. Цæмæй зыдта, Ростиславы дзæмбытæм Азау- хаи йæхæдæг бахауд, уый. 117
Æмæ цыфæнды кæд уыд, стæй йæм худинаг дæр кæд каст Ростиславы æдзæсгомдзннад,. уæддар Сæлийæт йæхинымæр нс ’пцадис æнхъæлмæ кæсыиæй... / . # * # I Адæймаг йæ мидхъуыдытæ, йæ зæрдæйы рис æмæ сусæг бæллицтæ куыдфæнды æмбæхст куы кæна, уæд- дæр сын искуы æнæ раргом уæвæн нæй. Фыццаг зына-, нæзына, алчи сæ, чи зоны, фиппайгæ дæр нæ бакæпдзæн. Ростислав æмæ Азаухан дæр сæ иумæйаг ног царды архайдтой хъæлдзæгæй цæрыныл. Афтæ æвдыстой сæ- хп9 цыма зæххыл уыдонæй амондджындæр нæй. Цыма сæ хъæлдзæг бонтæн кæрон никуы уыдзæи, стæй æм- ’баргæ дæр нæ кæныиц, иу дзы иннæйы куыд тагъд ивы, уый. . * Æрмæст уый уыд æдде бакæсгæйæ... Фæлæ сæм хæс- тæгдæр бацу, байхъус сын аивæй сæ улæфтмæ, кæнæ сæ зæрдæйы цæфмæ, уæд, æнæмæнг, бафиппайдзынæ, •сæ сомбоныл хъуыды кæпын кæй райдыдтой, уый. Цы уарзондзинады арт ссыгътой фыццаг фембæлгæйæ кæ- рæдзп амондæн, уый ма кæд ницы уабæрæг сыгъд код- та, уæддæр дзы нывыл цæхæр цал æвзæрд. Арт та йæ фæстæ цæхæр куы нæ уадза, уæд бирæ фаг нæу. Ростислав куыдфæстæмæ райдыдта æмбарын йæ уавæр. Цыфæнды хорз барæгæн дæр хъæуы æгъдæн- -цойыл хæцæг — кæстæр. Æнæ кæстæрæй зын уцæрын, уæлдайдæр, адæймагыл бонтæ куы ныддаргъ вæййыни, уæд. Исты æрхъуыды кæнын хъæуы, цалынмæ нæ бай- рæджы... Науæд азтæ цæуынц. Уæнгты хъару зæрдæйы фаг домблй нал у... Сысы. Азаухап дæр æнæ уæлæмæ исты дзургæйæ химидæг чысыл нæ сагъæс кодта сæ райсомы цардыл. Цы уаид, ;æвæдза,. ныр сонтæй дыууæйæ дæр æрбарынчып сты, уæд?„ Хуымæтæджы дон бадæттæг дæр сын иæ уаид. «Олежик кæм и, цымæ, ныр?..» —уыцы хъуыды цух нал 318
у&гъта мады.—«Ростик у аххосджын. Нæ йæ бауарз- та>>... ^Цьша дзургæ бакодтой — сæ хъуыдытæ иу къахвæ- дыл ныццавтой размæ. Иу бæллиц сæ систа йæ базыр- тыл бæрзонд хохы цъупмæ. Иузаманты мынæг кæныньг онг чи фæцæйхæццæ кодта, уыцы зæрдæты арт та сгуыр-гуыр кодта райднанау. Сæ сомбоныл цин сын сæ* тыхыл тых æфтауын райдыдта.— Сывæллон... Сывæл- лон уыдис, кæрæдзиуыл сæ чн баста, уыцы амонддæт- тæг бæллнц. Фæлæ амонд адæймагæн йæхицæй аразгæ у. Æмæ Азаухан, се ’намондæн, нæ барухс кодта Ростиславы зæрдæ. Мад суæвыпæи нал уыд алы хостæ нуæзтæй. Ба- бын кодта йæхи. Йæ фырхнуарзтæй зæрдæйы тых сæры магъзыл фæуæлахиз. Йæ хивæнд зонд æй æрмæст йæхи уды койыл скодта. Æмæ ныр ахæм аргъæй уымæн фн- ды йæ хъалон. Ростпслав куы бамбæрста, усы уыцы уавæр аивьш дохтырты бон дæр нал у, уый, уæд цавддурау фæцис. Йæ царды ныфсы фæстаг гæнах нæхи мидæг ныккалд. Уæнгты хъару асаст. Уый уыдта Азаухан. Æмбæрста йæ аххос. Кæд лæг архайдта, цыма ницы æрцыд, йæхи афтæ æвдисьшыл, уæддæр цæстытыл зындис зæрдæйы маст. Нал арæхс- тысты ныфссаст мидхъуыдытæ æмбæхсынмæ. Æмæ йæ уый ноджы тынгдæр сагъæсы æфтыдта. Фæлæ йык ни~ цыуал гæнæн уыд. Нал ын уыдис алидзæн нæ уавæрæй. Дывыдон арты бахауд. Иуæй Ростиславæн тарст: цы зонд, цы фæидыл ныллæудзæн? Иннæмæй Оледжы фæд дæр фесæфт. Йæ рæстæджы йæ нæ бацагуырдта, ныр ма цы цæсгомæн ныллæууа йæ агурыныл. Баргæ дæр ын нæ ныккæндзæн йæ митæ. Æгæр бирæ уарзта йæ- фыды. Уый сæрыл йæхи амарыныл дæр фæстиат нæ фæуыдаид. Фæлæ мады ахæм рæдыд... Фæстæмæ пал ис ’цæуæн Азауханæн. йæ фæидæгтæ йæхæдæг сæхгæдта йæ фæстæ. Йæхæдæг сæвæрдта йæ- 119*
хиуыл хьадамантæ, Тузар.ы сæрты. .йæ риуьугьпæджытæ Ростиславмæ куы байгом кодта, уæд. Æмæ ныр ц& фæстаг хъарутæ сарæзта, цæмæй йыл йæ лæг ма аи&а йæ. зæрдæ, йæхи уды кой дæр нал кæны. Ницыуал æй хъæуы. Æрмæст Ростислав ссис йæ цард, йæ бон. Рæстæг никæй зæрдæйы маст æнкъары, ницы йыл .зыны. Æрмæст адæймаг уыцы иугæндзон æиæивгæ нæу. Н^е фæразы рæстæджы æмызмæлд, æмызгъорд кæныи, хьæбысæй хæцын йемæ цæрæнбонты. Уæвгæ, иу кæд- дæрмæ фезгъоры йсмæ, хатгай йæ разæй дæр фæвæййы. Фæлæ уый бирæ пæ хæссы. Æрфæллайы, йæ лæф-лæф <:сæуы, æмæ, æппынфæстаг, буары æвæрдыл, уæнгты кондыл æмæ цæсгомы хуызыл ног фæдтæ фæзыны. Цалдæр азмæ Азауханæн йæ раздæры уыпд æмæ тсондæй ницыуал баззад. * * * Ростислав йæ фæпд æрдæгыл нæ уагъта. Цы ныв-иу скарста, уый цæхгæр лыг кодта. Афтæ уыд йæ ахуыр. Кæд тæригъæд кодта Азауханæн, уæддæр (кæрцæй хæ- дон хæстæгдæр) хи уд адджындæр у. Йæ фырттæ иыр ляттæ сты. Сæ мад дæр æй куыд уарзта, уый зоны. Кæд ын ныббариккой. Тыхст, æвадат уавæрты сæ куы пæ ныууагъта, миййаг. «Мыды къусы хуызæп сæ хæдзар. Алдыдæр сæм уыд. Худинаг дæр ма сын уыдзæн, сæ фыд зæрондæй искуы удхар куы кæна, уæд. Азауханæн дæр йæ амонд коид у. Тæрхонгонд куы пæ дæн, миййаг, Прометейы хуызæн, мыггагмæ. Уый тыххæй цæмæн хъуамæ æнæхан кæнон мæ цотæй мæхи? Йæхи аххос у .Азауханæн. Йæхн фыдбылызтæ сты иууылдæр, æмæ сын дзуапп дæр дæттæд иунæгæй. Нæ йæ фæндыд, сусæгæй кæра^дзи рæвдауæм, уый»...—хинымæр дзырдта лæг. Иуизæр Ростислав нал фефсæрмы æмæ схъæр кодта нæ фæнд. 120
— Азаухан, уыныс æй дæхæдæг, нæ цардæй ницьг рауад. Нæ мæ батавын кодтай хурæн. Фыдæнхъæл мæ фæкодтай зæнæгæй. Мæн нæ фæнды, ис бинонтæй æнæ- баныгæнæгæй амæлон, уый... Сылгоймаджы зæрдæ цыма исдуг иал куыста,— цæсгом афæлурс, æмæ фæцуд^егау кодта. Ростислав æм фæлæбурдта. — Цы кæныс, Азау?.. Дон дын авæрон?.. — Æмæ дон куы дæн æгасæй дæр. Лæпп-лæпп дзы куы кæныи...— æрæджиаугомау сдзырдта Азаухан.— Цы ма мын дæттыс?.. — Дæуæн æвзæр уа, Азаухан,— фæрæвдз Рости- слав,— уый мæ иæ фæнды, фæлæ... — Æрæджиау де ’фсарм скуыста, нæ? Тæригъæд кæ- нын байдыдтай дæ раздæры бинонтæн?.. — Азау... — Ма мæ хъыгдæр. Афтæ æнхъæл ма у, æмæ дæ не ’мбæрстон. Фæлæ мæ нæ фæндыд æууæндын, ахæм кæ- ронбæттæн уыдзæп нæ цардæн, ууыл. Афтæ мæм каст, дæ зæрдæ мыл никуы аивдзынæ... — Æмæ дыл ныр дæр нæ ивын мæ зæрдæ, фæлæ... — Быцъенонæн æртæригъæд кодтай, леккайæ куы бафсæстæ, уæд? Æз та афтæ загътон, мæ уд дыи раттин хæрынмæ, куы бæззид, уæд, Дæ бæсты ныххизин сау ин- гæнмæ... — Ахæм стыр ныхæстæ ницæмæн хъæуынц,— нал æй суагъта дзурын лæг.— Зоныс мын мæ зæрдæйы уаг ды дæр. — Ныр ма мын æй цы зонын хъæуы? Дæхæдæг æй куы раргом кодтай. — Азаухан, дæуæп дæр ис фырт, иунæг нæ уыдзы- нæ. Стæй дæ куы фæнда, уæд... — Æгъгъæд!.. Ардæм мæ куы ластай, уæддæр мын уыдис фырт. Ды йын уæд йæ кой кæнын дæр нæ уагъ- тай. — Уæд æз мæхионты кой дæр нæ кодтон. Æнхъæл 121
уыдтæн...— нал загъта йæ хъуыды æххæстæй.— Æз... Мæн æиæ байзæддагæй нæ фæнды цæрын. Дæуæн та... ’ — Чи уарзы, уый, къухтæ æмæ къæхтæ кæмæн нæй, уыимæ дæр цæры, æнæ байзæддаг нæ, фæлæ,— иал та суагъта дзурын лæджы. — Гæнæн куы нæ уа, уæд. Фæлæ... — Фæндараст ма фæу мæ тæригъæдæй...— ныккуыд- та Азаухан, стæй ма фыдæнæп афтæ: — Дæ зæропд фæс- тæмæ мæнмæ куы’д æрхауа. Сабыр кæиыныл ма йæ бæргæ архайдта Ростислав, фæлæ йын уый алывыдтæ калдта. Уæддæр сылгойма- джы масты цæстысыгтæ нæлгоймагмæ нæ бахъардтой, уыцы хусæй баззад. Дыккаг бон Ростислав йæ дзаумæттæ рамбырд код- та, афсиайдта сæ чумæданы æмæ æхсæвдзугæнæгау йæ- хи райста. Азаухан иунæгæй цæрып райдыдта йæ уæззау хъуы- дытпмæ, бонвыддæргæнгæ. Ирыстонмæ, йæ фыды къæсмæ ,раздæхын йæ цæс- гом нал бахъæцыд. Æцæгæлон ран та æнæ уæлхъус æрбалæууæгæй йæ хъару асаст бынтондæр. Цæрæнбон- ты сахуыр искæй дæлбазыр, æрмæст йæхи уды кой кæ- ныпыл. Æмæ ныр иунæгæй куы аззад, уæд æппын ни- цæмæуал арæхст. Цы ма йæм уыд, уыдонæй дæр нæ зыдта йæхицæн цæрыны фадæпæ аразын. Иунæгæй куы баззад, уæд сæ бухгалтсрийы иу сылгоймагимæ фсмбæлд. Уый-иу æм арæх æрбауад. Æмæ уыимæ ноз- тимæ фæлымæн. Уымæй ардта удæнцойдзинад. Ницæ- уылуал-иу хъуыды кодта, æмæ йын-иу афтæмæй æн- цондæр уыд. Æрмæст-иу йæ иунæг хъæбул йæ зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд-иу æм кæцæпдæр хуры рухсы тын æрбакаст. * # * Ростнслав уыцы бон хъуамæ рухсæй сæмбæлдаид йæ раздæры бинонтæм. Фæлæ йæ ныфс пæ уыд, куыд 122
ыл сæмбæядзысты бинонтæ, уымæй. Ницы сын зыдта сæ цардæн. Гъемæ уый тыххæй суткæйæ фылдæр Мйнводы вагзалы бонасадæн фæкодта. Аивæй бинонты цардæн исты куы базыдтаид, уый йæ фæидыд. Фæлæ уымæйг ницы рауад. Иæ бинонты йын чи зыдтаид, ахæм зонгæ адæймагыл нæ фембæлд. Æмæ изæрдалынгты, Орджо- никидземæ ма чи цыд, ахæмтимæ таксийы бабадт. Æх- сæвæртæм æввахс схæццæ горæтмæ. Æмæ йæ уынджы куыд ничи федтаид, афтæ суанг сæ дуармæ йæхи бала- сын кодта. Машинæйæ куы рахызт, уæд аракæс-бакæс кодта, æмæ адæймаг цæуæг куы нæ зынд, уæд бахызт кæртмæ. Фатеры дуар сабыргай бахоста... Артур ииститутæй нæма æрбацыд. Æхсар та ма йæ уроктæ кодта. Дуар гом кæнынмæ рацыд Сæлизæт. Раздæр уал аивæй акаст дуары зыхъхъырæй. Фын у æви æиæгæй уыны йæ лæджы?.. Æхсар фестад æмæ йæ мады джихæй куы ауыдтаг уæд æм бадзырдта: — Ма, цы кæныс, цы, чи у?.. Мад æм ницы сдзырдта. Æхсар акаст асинты фæзгондмæ æмæ Ростиславы чумæданимæ лæугæ куы ауыдта, уæд фырцинæй хæрд- мæ сгæппытæ кодта: — Ма! Папæ!.. Папæ ссыд!.. Сæлизæтæн, чи зоны, Æхсарæй æхсызгондæр уыд Ростиславы фæзынд, фæлæ... Хистæр лæппу Артур цьг зæгъдзæн?.. Хорз ыи зыдта йæ удыхъæд. Фыд мидæмæ дæр нæма æрбахызт, афтæ йын Æх- сар йе ’фцæгыл атыхст. Сæлизæтæн иуæй æхсызгон уыд уыцы нывмæ кæсын,— бирæ уарзта йæ лæджы æмæ йын алцы ныххатыр кæныныл дæр разы уыд. Иннæ- мæй... Артур. Цы йæм йæ зæрдæ сдзурдзæн, чи зоны?.. Ростислав æрбахызт мидæмæ, йæ зæрдæ фæныфс- джындæр. Чумæдан Æхсар æрбайста. Сæлизæт уыцы уадзыгхуызæй, джихæй лæууыд. 123
, —; Сæли, гоби бадæ, æви дæ дзыхæй иу ныхас куын- нæ схауы? Уæд та дын кæД мæ уыид хъыг у, уæд загъд самай. Цъылын райс æмæ мæ цæв... Цæв, цалынмæ ба- фæллайай, уæдмæ. Дзур, цыдæриддæр дæ фæнды, уый, æшæ дæ маст ссæуа... у— Нæ зонын, цы дæм дзурон... Дæ фырттæ лæгтæ сты ныр. Уыдопимæ дзур. — Æмæ мыл Æхсар куыд у, уый нæ уыныс? — Уынын, фæлæ уый ницыма æмбары... Артурмæ банхъæлмæ кæс... Уыимæ дзур... Стæй уæд мах дæр ам уыдзыстæм. — Æмæ ды, стæй Æхсар цы зæгъа, уый æгъгъæд нæу Артурæн? Æхсар мад æмæ фьтды æппæт ныхæстæ хъусгæ дæр нæ кодта — йæ уроктыл уыд. Æмæ сæ конд куы фæцис, уæд æй кæд йæ къах нæ хаста йæ фыдæй, уæддæр хуыс- сыныл фæцпс, мад ын куыд загъта, афтæ. Коммæгæс ахуыр уыдысты дыууæйæ дæр лæппутæ. ^ Лæг æмæ ус баззадысты иуиæгæй. Нæма фæзынд Артур. Фæлæ уæддæр сæ ныхас кæрæдзиуыл нæ бадт. Ростпслав кæд царды арæхстджын æмæ ныфсхаст уыд кæддæрнддæр, уæддæр ын цыма ныр уыцы ныфс фы- нæй уыд кæнæ йын искуы баззад. Цыдæртæ ма йæ урæдтой. Уæвгæ, бамбæрста Сæлнзæты зæрдæйы уаг. Уæдæ-Æхсарæн дæр йæ цинæн кæрон нæ уыд. Фæлæ... Артур! Цы зæгъдзæн Артур, йæ кой кæнын дæр ын чи нæ уагъта, уый?.. Ныр лæг у. Институт каст фæвæййы... Сæхимæ кæй нæ разынд Артур, уый хуыздæр рауад Ростиславæн. Ус æмæ кæстæр фыртæй нал тæрсы. Æм|æ ныр хинымæр йæ сæйрагдæр хъуыды уыд Артурыл. Цы- хуызы иыхас кæндзæи йемæ, фыццаджы хуызæн æви аххосджыны æвзагæй?.. Æрбацыд Артур. Дуарьт мидæгæй тыргъы чумæдан куы ауыдта, уæд æваст йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. , Йæ фыд фæзыпд, уый бамбæрста. Фæлæ йæ иæ фæн- 124
дыд пæ фенын, æмæ адæргæй йæ зæрдæйы гуьшп-гуыпп райхъуыст. Сæлизæт дæр базыдта Артуры æрбацыд, фæлæ нæ зыдтаг;цы кæна, уый. Лæгмæ ма кæд хъусгæ кодта, уæддæр ыи йæ ныхæстæи ницыуал æмбæрста. Схæццæ- мæццæ сты хъуыдытæ сæры. Дуары хъæр куы фæцыд, уæд Ростислав дæр бам- бæрста, Артур кæй æрбацыд, уый. Фæлæ цыма ннцы фсхъуыста, уыйау йæ ныхасы кой кодта усимæ дард- дæр. Куыд аххосджынхуызæй æрбахызт къæсæрæй, цы азымджын цæстытæй каст усмæ, уыдонæй йæм нпцы- уал уыд. Чысылгай йæ уд йæ мндæг æрцыд. Лæппу ми- дæмæ куы нæ зыид, уæд æм йæхæдæг рацыд. Сæлнзæт цыма улæфгæ дæр нал кодта уыцы минут, фæлурсæй бадт. — Лæппу, ацафонмæ хæдзармæ нæ цæуьтс, фæлæ мидæмæ дæр нал хизыс?! — барджын хъæлæсæй рай- дыдт.а Ростислав.— Кæдмæ дæм æпхъæлмæ кæсæм?.. Артур ницы сдзырдта. Æнцад лæууыд, цы кæна, уый йæ сæр пæма æрцахста. Цы алы хъуыдытæ йæ удхарæй мардтой, уыдонæй иуы кæроныл дæр нал хæст кодта. — :Ничн йæм кæсы, мæнæй бæрзопддæр фæцис, йæ- хæдæг сывæллоны митæ кæны. «Æгас цу» уал зæгъ дæ фыдæн, стæй уæд дзурдзыстæм дарддæр... — Цаиæр фыдæн?! — нал баурæдта йæхи Артур. Йæ цæстыты .ахæм æпæуынопдзпнад ссыгъд, ахæм цæхæр акалдтой, æмæ зынг фестадысты, зæгъгæ, уæд Рости- €лаз кæм лæууыд, уым дзы фæпык йедтæмæ иицыуал аззадаид. — Ау, мад æмæ фыдæй иæ райгуырдтæ? Уæдæ дæ дæ мад кæрдо бæласыл ссардта?..— Мады номæй йын йæ зæрдæ фæфæлмæпдæр кæныны фæнд уыд фыдæн. — Мæ мады кой ма кæн! — Уæдæ дып кæй мады кой кæнон? — Бынтон сидзæрæй кæй ныууадзын кодтай, уый мады кой кæн. Ам дын иицыуал нс, ницыуал!! 125
Ростнслав’ йсты сдзурын нæ, фæлæ уынгæ;-дæр ная акодта, Артур дуары æддс куыд фæцис, уый. Сæлизæт мидæгæй ныккуыдта. ::..-. Лæг фырмæстæй ссыгъдис, афтæ мæм куыд бауæн- дыд, зæгъгæ, æмæ мадырдæм фæцис. ; - — Хорз сырд мын схъомыл кодтай мæ’- хæдзары,. бузныг! Уæдæ мын цы фæуат æндæр. Цыма ’уæзæджы къæсæрыл баззадыстут æмæ уæ мæгуыры къæе-къæе цыд. Ахæм ма дзы æдзæсгом уа, цытæ мæм æрбауæндыд. Цымæ кæмæй фæци?.. Ростислав йæ загъдæй нс ’нцад. Фæлæ Сæлизæт ни- цы хъуыста. Артурыл уыдис йæ хъуыды. «Кæдæм ацыд ацы æнафон? Цы уыдзæн дарддæр, фыдимæ куы нæ бафидауа, уæд?..» ] * * * • Дуртььбын æй куы бакæнай, уæддæр ын фесæфæн нæй, фæзæгъынц сæрæн гуырды тыххæй. Олег цы мæстытæ федта царды, йс ’рыгон æвæл- тæрд зæрдæ цы рыстытæ баййæфта, уыдон ын йæ ныфс нæ асастой. Нæ бакуымдта фæтасын йæ домбай уды- хъæд. Хъомысджын разынд йæ чысыл рæзгæ уд. Царды цы бирæ алыхуызон фæндæгтæ уыд йæ размæ, уыдонæй дæр равзæрста ахуыр. Арæх-иу æрымысыд ’ йæ зынг- хуыст фыды ныхæстæ: «Нæ мæ хур, нæ, ахуыр .кæн. Уыныс, æз иæ сахуыр кодтои, æмæ ницæйагæй баззад- тæн...» Хъомыладон-фæллойады колонийы дæс къласы каст куы фæцис Олег, уæд медицинонинститутмæ бацыд. Аф- тæ йæм каст цæмæдæр гæсгæ, цыма дохтыр куы уыдаид раздæр, уæд йæ фыдыл ахæм бæллæх нæ сæмбæлдаид. Дохтыры бон алцыдæр у æнхъæл уыд æмæ зæрдиагæй райдыдта ахуыр кæнын институты фыццаг бонæй фæс- тæмæ. Æрмæст-иу йæ фыды мард йæ зæрдыл куы æр- балæууыд, куы-иу ауадысты цæстытыл мады митæ, уæд- 126
ну бакатай кодта, зæрдæ-иу ауазал, уæнгтæ-иу æрыз- гъæлдысты æмæ-иу марды хуызæнæй баззад. Стæй-иу йæ мидхъарæг райхъуыст: — О,. куы нæ мын уыдаид ахæм мад... Уæд та Тузи- пмæ куы фæцадаид уыцы бон. Рæстæг куыд цыд, афтæ ныййарджытæ дардæй- дарддæр кодтой лæппуйæ, фæлæ дзы уæддæр фыды ном, йæ цардæгас сурæт нæ рох кодтой. Арвы ферттыв- дау-иу хаттæй-хатт цæстытыл ауадысты, æмæ-иу æм уæд ноджы тынгдæр цыд ахуыр кæнын. Тузар ма æгас куы уыд, уæд дæр сæм йæ хотæ арæх нæ цыдысты. Азауханимæ кæрæдзи нæ бауарзтой. Æмæ сыл Олег, æвæццæгæн, уымæ гæсгæ нæ уыд æнувыд. Æрмæст куы бабын фыд, уæд ын цыма фыццаг хатт федта йæ хоты, тыпгдæр сæ чи куыдта æфсымæрыл, уы- дон баззадысты лæппуйы зæрдæйы — Разиат æмæ Ел- тмысхан. Иæхи куы раивын кодта Ирыстонæй æндæр ранмæ, уæддæр æрмæст уыдоимæ ныффыста, дзæбæх, æнæниз да?н, зæгъгæ. Фæлæ сын йæ адрис нæ фехъусын кодта. Цæуыннæ, ууыл хъуыды дæр пæ акодта. Æмæ уый фыдыхотæ дæр инцæмæ æрдардтой, æрбайрох æй, ггвæццæгæн, зæгъгæ. Институтмæ куы бацыд лæппу, уæд та сæм уый тых- хæй дæр иыффыста, фæлæ та уæддæр йæ адрис нæ фе- хъусын. кодта. Цæй тыххæй, уымæн йæхæдæг дæр ницы æфсон загътаид. Фыдыхоты кæд йæ хæстæджытыл ны- мадта, йæ зæрдæйæ рох нæ уыдысты, уæддæр сыл аф- тæ ахуыр нæ уыд. Уæддæр сæм фыста, уадз æмæ зопой, сæрæгас дæн, уый, зæгъгæ., Фæлæ Елмысхаиы чызджы- тæй иу, Нииæ, сæрæндæр разыпд. Оледжы писмотæй иуы къонвсртыл цы штамп æвæрд уыд, уымæ гæсгæ агургæ-агургæ ссардта йæ мадыфсымæры лæппуйы ад- рис æмæ йæм райдыдта фыссып. Уæдæй фæстæмæ Олег йæ хæстæджытæй иста пис- мотæ, йæхæдæг дæр сæм фыста... 127
*• * * Олег та Нннæйæ писмо райста. Æцæг ын ницы уы- йас æхсызгон уыд, ницæмæй дзы барухс йæ зæрдæ. Азаухан, цы не ’мбæлд, кæд ахæм митæ акодта, уæддæр Олсгæн уыд йæ ныййарæг мад. Йæ фыды фæс- тæ йæм уымæй хæстæгдæр чи хъуамæ уыдаид? Æмæ йæм кæд цыфæнды мæсты уыд, уæддæр куыдфæстæмæ зæрдæйы хъæдгæмттæ æгас кæнын байдыдтой, æмæ-иу бирæ хатт хинымæр (цыма йæ æргом зæгъыи æфсæр- мы кодта) бæллыдис йæ мады фенынмæ. Ныр æм Ни- нæ куы пыффыста, дæ мад иунæгæй баззад кæмдæр æцæгæлон адæмы астæу, зæгъгæ, уæд зæрдæйы æна- хуыр мастæй уæнгтæ суанг сæрæй къæхтæм ауазал сты. Бирæ азты дæргъы цы мæстытæ федта, уыдоны фæс- тæ фыццаг хатт банкъардта ногæй, мад адæймагмæ афтæ хæстæг у, уый. Нинæ ма йæм фыста ноджыдæр: «Ростислав йæ фыц- цаг бинонтæм куы æрбаздæхт, уæд ууыл дæр, æвæццæ- гæн, йæ тæригъæдтæ æртыхстысты, дæ.мадау. Йæ хис- тæр ф)ырт нæ бафидыдта фыднмæ æмæ ацыд йæ хæ- дзарæй. Кæдæм, уый бæрæг нæй... Дзурынц, йæ ус, дам, йæхи марыны онг у йæ фырты мæстæй...» Олсгмæ хъаргæ дæр нæ бакодта уыцы фæстаг ха- бар. Йæ хъуыдытæ æгасæй дæр йæ мадимæ уыдысты. Фæлæ кæм ис?.. Цы ран удхар кæны иунæгæй?.. Кæм æй агура?.. * * $ Ростислав Азауханы уынджыкъæйыл куы ныууагъ- та, уæдæй рацыд дзæвгар рæстæг. Сылгоймаг цардхъом цас нæ уыд, уый æмбарын байдыдта. Фæпыфсджындæр. Цыма æнаххосæй фæцард цæрæпбонты, афтæ дарын райДыдта йæхи. Арæхæй-арæхдæр йæ зæрдыл лæууыд Олег дæр, фæлæ цыхуызæн сси, уый йæ цæстытыл нæ уад. Æмæ йын уый иоджы тынгдæр мысын кодта Оле- 128
дж-ы. Уый та йын куыдфæстæмæ лæвæрдта - уæлдай ныфс, уæлдай- хъару. Уыцы бонты йæ Ростислав дæр нал базыдтаид. Иу- цасдæр рæстæг йæхи дæлæмæ-дæлæмæ куыд æруагъта Ростиславы фæстæ, уый йæ сæрмæ нал хаста. Фæзын- дис та йæм, чызгæй йæм цы стыр хиуарзондзинад уыд, уый. Æрфæидыдис та йæ, кæд йæ бакастæй кæддæрау нæлгоймæгты сæртæ нал зилын кодта, уæддæр бæрæг- дæр уæвын йе ’мкусджыты æхсæн. Æгæр æрæгмæ, фæлæ йæ риуы æцæг ныййарæджы зæрдæ базмæлыд. Æрхъуыдис æй Олсг. Æнæ уый йæм йæ цард ницы каст. Цæмæдæр гæсгæ йæ уырныдта, йæ фырт йæ фыдæй домбайдæр кæй уыдзæн царды, уый. Алы сагъæстæ йæ хурхы нарæгмæ скодтой. Куы нæ скъахтаид бæргæ йæ иунæг хъæбулы зæрдæ, куы нæ бацыдаид ходыгъдты зæрдæхудты, куы нæ рахызтаид мыггаджы сæрты, куы нæ ацыдаид Ростиславимæ... Уæд абоп йæ уд иунæджы хъарæг нæ кæнид йæ хуылфы, нæ уаид афтæ æнæ райсом, æнæ фидæнбæрæг йæ цард... Уыцы бон, иннæ бонтæй хъауджыдæр, цыдæр æна- хуыр хъæлдзæг уыд Азаухан йæ куысты. Йе ’мбæлттæ ма йыл химидæг дис дæр кодтой, фæлæ йæ бафæрсыи ничи сфæрæзта, уагæр дыл цы æхсызгондзинад æрцыд, зæгъгæ. Афтæмæй раивгъуыдта йæ куыстæй. ...Чи йын цы зоны, цæуыл сагъæс кодта Азаухан уы- цы сахат. Олег уадис йæ цæстытыл æви æпамонд зынг- хуыст Тузар. Ростиславыл хъуыды кодта, æви йæ зæр* дыл æрбалæууыд, йæ иунæг хъæбул-иу йæ фыдмæ куыд дзырдта, уый. «^ахуыр мæ кæн машинæ скъæрын æмæ дын-иу æххуыс кæнон». Чи зоны, ныр машинæтæм дæр афтæ æдзынæг уымæн каст. Йæ цæстытæ, æвæццæгæн, Оледжы агуырдтой шофырты астæу... Йæ зæрдæ ба- хъарм æмæ фæндаггæрон уæлгоммæ ахауд... Удаисты хъыррыст ныккодтой цæлхытæ, æмæ ма- шииæ ныллæууыдис, кæд уыцы сылгоймаджы уый не скъуырдта, уæддæр. 5 Хадиэаты амонд „ 129?
Уæдмæ уынджы цæуджытæй чидæртæ æрбамбырд мæрдонхуыз, фæлурс сылгоймаджы алыварс, æмæ алы ныхасыл схæцыдысты. Сылоймаджы уавæр тынг æвзæр уыд. — Исчн-ма рæвдздæр адзурæд «Тагъд æххуысмæ»,— загъта чидæр, сылгоймаджы уадзыгæй куы ауыдта, уæд. — Ацы шофырты æгъатырæй æфхæрын хъæуы. Цæс- гом сыи нæй. Скъæрынц сæ машинæтæ, фистæг цæуæ- гыл нæ хъуыды кæнынц, афтæмæй,— сдзырдта иннæ. — Машинæ йыл æндзæвгæ дæр куы иæ акодта, уæд æй шофыры аххос цы кæнут? Удаистæй ахауд, æвæц- цæгæн,— йæ ныхас баппæрста æртыккаг. Шофыр нæ фехъуыста адæмы ныхæстæ. Йæ маши- нæ фæстæрдæм æрбатардта. Æваст ахъуыды кодта æмæ фæрæвдз: — Феххуыс-ма мын кæиут. Цалыпмæ «Тагъд æх- хуысмæ» кæсæм, уæдмæ йæ нæхæдæг рынчындонмæ ба- хæццæ кæндзыстæм... Чидæртæ йæм фæкастысты æмæ сылгоймаджы ма- шинæйы бавæрдтой... Рынчындоны сылгоймаджы сыитыл райстой. Уæвгæ ма мард адæймаджы мидæмæ дæр цæмæн хъуыдис хæссын? Уыциу растæй йын æрæвæрæн уыдис морджы. Фæлæ шофыры афтæ нæ бафæидыдис, æгас æнхъæл ма йын уыд. Цæмæдæр гæсгæ пæ тыиг фæндыд, сылгой- маг куы фсрвæзтаид, уый. Æцæг сын йæхп дæр нæ ба- цамыдта, чи у, кæм кусы. Æрмæст загъта æбæлвырд- хуызæй: — Чи у ацы сылгоймаг, уый нæ зонын... Нæ зонын, цы’ йыл æрцыд, уый дæр... Уынджы йæ куы федтон зæх- хыл уæлгоммæ хуысгæйæ, уæд... Фæкæсæг æм нæ уыд, æмæ мæнæ... Фервæзын æй кæнут, уæ хорзæхæй... — Мардæн ирвæзынгæнæн пæй,— сдзырдта, рын- чындоны кусджытæй йæм цы дыууæ сылгоймæджы ра- 130
цыд, уыдонæй ну, цъша \$æ цуры адæймаг- нæу. фæлæ^ карчы цъиу уыд машипæйы, уыйау... — Мæнмæ афтæ кæсы, мард нæу... Æрмæст фæсур,, æвæццæгæн..'. Ницыуал сдзырдтой шофырмæ урсхалатджынтæ. Сылгоймаджы мидæмæ бахастой æмæ йæ тыргъы æрæ- вæрдтой тъахтингондыл, сæхæдæг æпдæр куыстытыл фесты. - Сылгоймаджы улæфт афтæ лæмæгъ уыд, ахæм мæр- донхуыз уыд цæсгомы цъар, æмæ ма чысыл ’удмидæг ис, уый ничи загътаид. Уымæн рохуаты баззад зæронд тъахтигондыл тыргъы, цалынмæ сæйраг дохтырмæ ба- хæццæ ныхас, уæдмæ. — Олег Тузарович, тыргъы сынтыл мард сылгой- маг æмæ йæ куы фениккат. Цы йæ фæкæиæм? — Æмæ кæд мард у, уæд ма дзы мæн цы фæрсут? Моргмæ! Нæ, фæлæуут, мæхæдæг æй фендзынæн... Олег рæвдз фсстад йæ бандонæй æмæ тындзгæ ра- хызт тыргъмæ. Уыцы цæугæ-цæуын куы ауыдта мæр- донхуыз сылгоймаджы, уæд сонтлæуд фæкодта. Цæсты- тæ цæхæртæ акалдтой. — Мам-мæ!.. — æнæнхъæлæджы анæрыд Оледжы хъæр? æмæ сылгоймаджы къухмæ фæлæбурдта. Фæлæ зæрдæйы цæфтæ тугдадзинтыл бæрæг нал уыдысты. Уыцы хъæрмæ канд рынчындоны кусджытæ нæ, фæ- лæ ма суанг цæуынхъом чи уыд, уыцы рынчынтæ дæр рафæдис кодтой тыргъмæ. Дохтыры сонт хъæрмæ, удæгас æнхъæл кæмæн нал уыдысты иууылдæр, уыцы сылгоймаджы цæстытæ сын- дæггай байгом сты, былтæ змæлæгау бакодтой... — Ол-леж... Ныййарæджы зæрдæ ма бæргæ фæлвæрдта сдзуры-- ныл йæ иунæг хъæбулмæ, фæлæ æгæр байрæджы код- та... Хъырым, 1978 аз
СÆФТ ХЪÆБУЛ I Афинæт сидзæрты хæдзармæ сывæллои райсынмæ зкуы бацыд; уæд æй фыццаджыдæр бафарстой: — Дæ бои бауыдзæн искæй сывæллон хи хъæбулау схъомыл кæнын? Мах сæм куыд зилæм, уый дæхæдæг уыныс. Афинæтæн хъыг уыд ахæм цæхгæр фарст æмæ са- ^быр, фæлæ ныфсджынæй загъта: — Æз ардæм æрбацæуыны агъоммæ уыцы хъуыд- дагыл лæмбынæг ахъуыды кодтон. Мæхицæн дæр уы- дис сывæллон, фæлæ нал нс... Иæ фыд та хæсты фе- сæфт... — Хорз. Бамбæрстои дæ, бахатыр кæн,— сдзырдта, йæ хъару нырма йæхимæ кæмæн уыд, ахæм ацæргæ лæрзхуыз сылгоймаг стъолы уæлхъус бадгæйæ. — Си- дзæр сывæллоны хн хъæбулау кæй равдаудзынæ, ууыл мæ зæрдæ дарын. — Бузныг, стыр бузныг!..— загъта Афинæт. Дыууæ сылгоймаджы ныхасгæнгæ’ рацыдысты, сы- •вæллæтæ кæм хъазыдысты, уыцы стыр уатмæ. Ацы ран Афинæт куы федта, сывæллæттæ цæйбæрц рæвдыд уы- дысты, уый, уæд йæхинымæр ахъуыды кодта: «Мæгуыр сæ ныййарджытæ, фырыхъулты хуызæн хъæбултæй ^енæхай чи фæци». Уæдмæ иу бурхил къæбæлдзыгсæр лæппу портийы фæдыл æрбазгъордта нæ цурмæ. Афи- нæт æм фæкомкоммæ æмæ афтæ бакодта: — Мæиæ ацы лæппу тынг фæцыд мæ зæрдæмæ. Мæхи.лæппуйы хуызæп у! аз2
— Славнкæй зæгъыс? Тынг æмбаргæ æмæ зæрдæр- гъæвд сывæллон у,— загъта Всрæ Александровнæ.— Йæ пыййарджытæй фæдзæгъæл хæсты рæстæджы. Афинæт æдзынæг ныккасти сывæллонмæ. Верæ Алек- сандровнæ та хъуыды кодта: «Ацы сылгоймаг æй æнæ~ мæнг хи хъæбулы хаст скæндзæи». Сахаты фæстæ Афпнæт чысыл Славичы къухыл хæц- гæйæ рахызт сидзæрты хæдзарæй. Иудзæвгар куы ауа- дысты уынджы, уæд сывæллон йæ чысыл цъæх цæсты- тæй Афинæтмæ скаст, бахудт æмæ йæ афарста: — Æмæ ардæм нал æрбацæудзыстæм? Райсом кино- мæ цæуæн бон у. Сылгоймаг æргуыбыр кодта , æмæ сывæллоны йæ хъæбысы æрбакæнгæйæ фæлмæн бахудт, йæ русæн ьш аба кодта, афтæмæй зæрдæрухсæй загъта: — Цæуылнæ, мæ зынаргъ. Цæудзыстæм, цæудзы- стæм, кæдæм дæ фæнда, уырдæм. Кæд дæ-иу бафæнда, уæд-иу æрбауайдзыстæм ардæм дæр. Киномæ, стæй сы- вæллæтты театрмæ та цæудзыстæм æдзухдæр. Сырдты кæм æвдисыпц, уырдæм дæр бацæудзыстæм. Лæппу тынгдæр бахъæлдзæг, йæ цæсгомыл цины уы- лæн ахъазыд. Мыдхуыз æрфгуыты быи цæстытæ гæзæ- мæ фæкъаддæр сты, йæ фæлмæн пух къухтæй Афипæты æфцæгыл атыхсгæйæ куы бахудт, уæд. Афинæты зæрдæ ныббуц фырцннæй, афтæмæй уад тагъдгомау йæ фа- термæ, цыма сывæллонæн фæстæмæ айсыпæй тарст, уыйау. Славик зæрдæрангæйæ уад йæ фарсмæ. Дыккаг бон Афинæты ныййарджытæ ’ фсхъуыстой хабар æмæ схæццæ сты горæтмæ. Æрбацыдысты йæм йс ’мкусæг ахуыргæнджытæ дæр. Бирæ лæвæрттæ райста Славпк уыцы изæр. Тынг хъæлдзæг, тынг амоидджын уыдысты сывæллон æмæ мад. Цыдысты бонтæ. Афинæт-иу скъоламæ, йæ куыстмæ цæугæйæ Славичы сывæллæтты цæхæрадонмæ бахæц- цæ кодт’а, фæскуыст та-иу ыл йæ фæндаг ракодта фæс- 135
тæмæ. Афинæт иубон Мæскуыйæ райста тел йе ’фсы- мæр Алиханæй. Уый йæм фыста, рынчын кæй у, уый тыххæй, фæлæ Афинæтæн ацæуыны фадат иæма уыд; Æрмæст сæрды каникултæ куы райдыдтой, уæд лæп- пуйы йæ ныййарджытæм акодта, йæхæдæг Мæскуымæ >ацыд. II Алиханмæ йе ’мкусæг дохтыр Харитонов Николай «арæх цыд, Иуизæр æм тилифонæй йæ куыстмæ адзырдта: — Кæд дæ æвдæлы, мæ хæлар, уæд-ма уал ардæм рацу. Мæ хо мæм рынчынфæрсæг æрцыд, цыдæртæ æр^ -ласта, æмæ абадæм иумæ. — Хорз, фæцæуын,—загъта Николай. Бирæ æнхъæл- мæ кæсын æм пæ бахъуыдис, уайтагъд фæзынд. Афинæт уыдис хæрзуынд æмæ хæрзконд. Ныхасмæ— чъынды, йæ хъæлæсыуаг — фæлмæн, зæрдæмæдзæугæ. Зыдта хиуыл хæцын, тынг аив дардта йæхи цыфæнды адæмы астæу дæр. Ныр йе ’фсымæры дзæбæхæй куы •федта, уæд дзурынмæ цыдæр æнæзивæг басгуыхт. Хъæл- дзæгæй, заргæ æмæ кафгæйæ суанг æмбисæхсæвмæ фæ- бадтысты. Николайæн дæр, Афинæтимæ кæй базонгæ, уый æхсызгон уыдис. Хатгай-лу æм бакастис аивæй, ■æфсæрмыгæпгæ. Дыккаг бон ыл ныддаргъ. Афтæ тынг ’ æй фæндыд Афинæты фенын æмæ, куыддæр йæ куыстæй феуæгъд, афтæ уыдонмæ балæууыд. Уæдæй фæстæмæ Николай алы изæр дæр цыд Алихантæм, æрмæст ныр иннæ хæт- тытæй хъæлдзæгдæр æмæ зæрдæрухсдæрæй. Дыууæ къуырийы фæстæ Афинæт Дзæуджыхъæумæ куы цыд, уæд æй Николай бафараста: . — Фаинæ, кæд мын бар ратдзынæ, уæд дæм-иу мæскуыйаг хабæрттæ фысдзынæн. — Табуафси, Николай,— фæлмæн бахудгæйæ дзуапп 134
радта Афинзет» Æз дæр дæм Ирыстоны хабæрттæ фысдзынæн. • Æмæ Николай Афинæтмæ писмотæ фыссын райдыдта. Дыккаг амонд æм цыма бахудт Афинæты фендимæ, афтæ йæм фæкаст. Бамбæрста; уарзондзинад кæй рай- гуырд йæ-зæрдæйы, уый. Æрмæст Афинæт куы базыдта Николайы фæнд, уæд цæхгæрзагъта йæхицæп’: «Уымæн гæнæн нæй», æмæ йын йæ писмотæн дзуапп нал лæ- вæрдта. «Мæн ничи хъæуы. Ничи мæ хъæуы мæ лæп- пуйы йедтæмæ»,— дзырдта-иу йæхинымæр Афинæт. •; Ралæууыд дыккаг сæрд. Райдыдтой та сусæны мæйы каникултæ. Афииæт тынгдæр æнхъæлмæ каст уыцы бонмæ, фæлæ цы ахуыргæнджытæ æрвыстцыд Рухса- ды министрадæй экскурсийы Мæскуымæ, уыцы къорд’и- мæ нысангонд уыд Афинæт дæр. Æмæ æнæ цæугæ нæй, уый куы базыдта, уæд лæппуйы йæ цæгатмæ хъæумæ акодта, йæхæдæг ацыд йе ’мбæлттимæ Мæскуымæ. III Ногæй та фембæлд Афинæт Ннколаимæ. Ныхас ныр бахæциæ Алиханмæ дæр. Афинæт арæхæй-арæхдæр хъуыды кæнын райдыдта Ннколайыл. Бамбæрста, кæй йæ уарзы, уый. Славичы никæй тыххæй иаууадздзæн. Николай та лæппуйы хабарæн ницы зыдта. «Хъуамæ ахсæв ахицæн уа ныхас!»—сфæнд кодта Афинæт æмæ, куыддæр Николай Алихантæм æрбацыд, афтæ йæм иннæ уатмæ бадзырдта æмæ йæ бафарста: — Николай, ныр мæ ды нал уадзыс иу ран, фæлæ зоныс, мæнæи лæппу кæй ис, уый? — Фаинæ, уый пицы хъыгдары. Лæппу кæй ис, уый та ноджы хуыздæр. — Мæхи нæу... Мæхион амарди... хæсты рæстæ- джы,— йæ цæстытæ асæрфта Афинæт,— фæлæ ныртæк- кæ къаддæр пæ уарзыи мæ хæсгæ лæппу Славичы. Слй- 135
вик мæ-дыккаг амонд у.- Уый кæуыл баивон/ахæм амон- дыл никуы сразы уыдзынæн. — Цытæ дзурыс, Фаинæ? Цæмæи гуырысхо кæныс мæ уарзондзинадыл? Ды æмæ Славик мæнæн дæр уы- дзыстут мæ дыккаг амонд!.. Нал бацнс Афинæты бон Николайы уарзондзикады ныхмæ лæууын æмæ загъта: — Кæд афтæ у, уæд разы дæн ’дæ фæндоныл. — Фаинæ, Фапнæ! Ды бамбæрстай мæ’ зæрдæйы уарзопдзинад. Николай Афинæты къухтæ райста æмæ сæ йæ риумæ æрбалвæста, афтæмæй комкоммæ кæсгæйæ кæрэ&дзн- йы сæ цæстæнгасæй рæвдыдтой. • — Фаинæ æмæ Славик!..— дзырдта дарддæр Нико- лай,— Славик... мæ лæппу дæр Славик хуынд... Йæ ма- димæ фесæфт хæсты рæстæджы... Лæгæн йæ цæссыгтæ ферттывтой цырагъы рухсмæ... — Рацæут, æхсæвæр бахæрут, стæй уæд дзурут æмæ дзурут,— æрбадзырдта Алихан иннæ уатæй... IV Афинæт Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ куы сыздæхт, уæд уыцну растæй Славикмæ ацыд, цæмæй сæхи срæвдз кæной Николайы ссыдмæ. Дыууæ боны ма сæ баурæдтой хъæуы, стæй мад æмæ фырт горæтмæ рацыдысты. Ам Афинæт лæппуйæн загъ- та, нанæ ссæудзæн Мæскуыйæ æмæ сæ акæндзæн уыр- дæм, зæгъгæ. Уæдæй фæстæмæ лæппу мады æицой нал уагъта: «Цас ма хъæуы папæйы ссыдмæ? Æмæ поезд куы байрæджы кæна, уæд та? Цы мын сласдзæн Мæскуы- йæ?..» Славнк цал хатты мысыд уыцы ном, уал хатты Афинæт архайдта, цæмæй лæппу бауарза Николайы. Славик цингæнгæ æнхъæлмæ каст Ннколайы ссыд- мæ. Николай фæндагæй тел радта, кæй схæццæ увгдзæн 136
Дзæуджыхъæумæ, уый тыххæй. Славик нал уагъта ма- ды æрбадын, æмæ æнæхъæн сахат раздæр ацыдысты по^ сзды размæ. Поезд схæццæ. Йæ размæ чи рацыд, уыцы адæм ва- гæттæй рахизджытимæ сиу сты. Афпнæт æмæ Славик æнхъæлмæ кастысты Николайы рахизыимæ вагонæй. Ни- колай æрхызт зæхмæ, йæ чумæдан æрæвæрдта æмæ адæмы сæрты ахъахъхъæдта Афинæты. Уайтагъд æй ауыдта, фелвæста чумæдан æмæ тагъд-тагъд цыд Афи- нæтырдæм. Афннæт куы ауыдта Николайы, уæд, адæм къаддæр кæм уыд, уырдæм йæхи байста æмæ Славикæн ацамыд- та уыйырдæм. Лæппу кæд ныронг тынг цин кодта, уæд ныр та куыддæр фæджих æнæзонгæ лæгмæ кæсгæйæ. Николай сæм куы æрбацæйхæццæ кодта, уæд лæппу мады афарста: — Мамæ, æмæ уьтй папæ у? Мад дзуапп нæма радта фыртæн, афтæ Николай сæ цуры алæууыд, аба кодта Афинæтæн, стæй лæппу- йыл дыууæ къухæй фæхæцыд, систа йæ бæрзонд, æдзынæг æм ныккаст. Йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Æнæнхъæлæджы цины хъæр азæлыд уæлдæфы. — Славик! Славик, мæ лæппу! Фаинæ, мæ лæппу у, мæ лæппу, Фаннæ! Сььзæллоны йæ риумæ æрбалвæста æмæ йын зæрдæ- бын батæ кæнгæйæ дзырдта: — О, о!.. Мæ лæппуйы ссардтон!.. Фаинæ! — йæ дæ- ларм æй æрбакодта.— Мæпæ цы хорз у... Мæнæ цы дис- саг у дупейыл цард!! Цины цæссыгтæ йæ рустыл тылдысты Ннколайæн, цæстытæ цæхæр калдтой, афтæмæй сывæллопы пæ риумæ æлвæста. Афпнæт бамбæрста, Славнк, Николайæн цы фырт фссæфт, уый кæй у, æмæ уымæн дæр фырципæй пæ цæстысыг æркалд. — Фаннæ, мæ зыпаргъ! Æцæгдæр ссардтон æз мæ 137
царды амонд дæ фæрцы, æмæ ды, ды уыдзьшæ æнус- мæ ме стыр амонды сæр, Фаинæ!.. Николай чумæдан систа æмæ йæ лæппуйы къухыл хæцгæ араст ног амонды фæндагыл. 1952 аз ХЪАЛЛÆЙЫ КУЫРМ ФЫРТ Вано ма хъæууон скъолайы ахуыр кодта уæд. Тынг зæрдæргъæвд лæппу уыд, æмæ йын æдзухдæр бирæ уыд уæгъд рæстæг. Авд къласы дæр нæма фæцис каст, афтæмæй-иу урокты фæстæ быдыры балæууыд æмæ-иу йæ фыды фарсмæ бабадт тракторыл. Фарæстæм къласы ма уыд, афтæ йæ скъæрын дæр базыдта. Хуымæтæджы сæрыстыр уыдис йæхицæй лæппу, Фыд дæр дзы уыд бузныг. Дæсæм къласы ма ахуыр кодта, афтæ иубои сæ сы- хæгтæм чызгæрвысты æцæг лæгау змæлæнтæ кодта. Фæндыры цагъдмæ-иу аивæй бахъырныдта. Чындзхæс- джыты кæстæр чызгимæ та йæ кафын акодтой. Уæдæй фæстæмæ фæныфсджын кафын æмæ зарынмæ. Йæ фыд Дадо дæр æмбисонд уыд кафынмæ. Зарын та’, æвæццæ- гæи, йæ мад Хъаллæйы тугæй рахаста. Уымæй дæсны- дæр чи цагъта фæндырæй, ахæм чызг хъæуы нæ уыд. Иу къуырийы фæстæ сыхæгтæ се сиахсы куы ’рба- хуыдтой, уæд та Вано дæр уым фæцис кæстæриуггæнæ- гæй. Сиахсы куы ауыдта æфсæддон дарæсы, уæд дзы йæ уд баззад. «Уагæр ма стырдæр къамандир куы суа, уæд цы- хуызæн уыдзæн!..» — хъуыды кодта лæппу. Æмæ йæ кæд ницыуал хъуыддаг уыдис сыхæгтæм, уæддяер æй йæ къах нал хаста уырдыгæй. Уæдæй фæстæмæ æфсæддон дарæс уад йæ цæсты- тыл. Хъуамæ суа къамандир. Вано нæ бамбæрста, рæстæг куыд азгъордта, уый, афтæмæй дæс къласы фæстæ каст фæцис æфсæддон 138
училище. Сæхимæ куы ссыд. лейтенаитæй, уæд хъæуы уый кой недтæмæ ницыуал уыд. Мæнæ цыма нывгæн- джыты арæзт уыд, кæнæ йæ театры æвдпсынмæ сцæт- тæ кодтой — адæймаг æм кæсынæй не ’фсæст. Уæдæ йæ зард æмæ йæ кафт ноджы æмбисонддæр фесты. Дадо æмæ Хъаллæйæ амондджындæр ма кæм уыд. Галыйас уæныг дæр уымæн аргæвстой куывдæн. Хъæуы лу къахылцæуæг фæсте пал баззад. Кæрты чи нал цыд, уыдонæн та уынджы арæзтой фынгтæ. Хъазт дæр уыр- дæм рахастой. Адæмы хъæлдзæг, цниы уынæр уæларв- мæ хъуыст. Уæддæр ма хæдзары хицау æфсæрмы кодта, сыхаг хъæутæм сегасмæ кæй пæ арвыста хоиæг, уый тыххæй. «Уадз æмæ фепой, Ваио цыхуызæп лæг ссис, уый. Уæддæр мыл чидæртæ худгæ кодтой, йæ иупæг фыртæй тракторист сарæзта, зæгъгæ. Уый та сын трак торист...» Йæ фырт—фыццаг къамапдир хъæуы фæси« вæдæй. Амопдджып ма цы вæййы уæдæ! Фæлæ... чыидз... Чыпдз ма куы уаид хæдзары... Цалыпмæ Дадо раныхас-баныхас кодта йе ’фсипи- мæ, уæдмæ Вано тел райста: ’ • «Æвæстиатæй ’дæ куысты сæмбæл». Мардау фесты мад æмæ фыд, чыидзы хъуыддагæй сæ уынæффæйæ кæй пицыуал рауад, уый тыххæй. Се стыр цип дæр сын цыма пицыуал ад кодта, афтæ сæм каст. Фæлæ цы гæнæи уыд. Афæидараст кодтой фырты пе службæмæ. Уалыимæ рандыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Да- до йæхнцæн бынтондæр бынат пал ардта. Цыма Вано йедтæмæ хæсты быдыры ничп уыд, кæнæ дзы уыйхуы- зæп йæ ныййарджытæ никæй уарзтой... Цалынмæ фыццаг писмо райстой Ванойæ, уæдмæ адæргæн батадысты, бакастæн бнрæ хистæр фесты цы- быр рæстæгмæ. Цæстытæ бахаудтой мидæмæ. Цæсгомы -æнцъылдтæ, цыма сын уæдмæ æмгъуыд уыд,— сæхи ра- ларлхат кодтой. Лæппуйы ппсмо иу æмæ дыууæ хатты нæ бакаст 139
’фыд, фæлæ зæрдæйьгр1ьгст:нæ къаддæр кодта. Немыцаг лæгсырдтæ балбирэегътау куыд лæгæрстой размæ нæ зæххыл сæ туг ка’лгæ, уый хъуыста Дадо. Æмæ хорз æмбæрста, нæхионты туг дæр кæй кæлы, уый. Хæст хæст у. Уымæн афтæ тынг тарст йæ иунæг хъæбулæн. Уымæн æм афтæ каст, цыма йæхæдæг дæр фронты куы уа, уæд ын ницыуал тас уыдзæн. Æмæ нæ ныллæууыд, цалынмæ йæ æфсадмæ акодтой, уæдмæ. Йæ фырты бæсты йæхи уд раттыны адæргæй фронт- мæ чи атырныдта, уыцы æнамонд фьтд йæхæдæг фæра- ■зæй. 1941 азы кæронмæ æввахс фæмард Ростовы. Вано йæ фыды мард нæ, фæлæ фронтмæ ацыд, уый дæр иæ фехъуыста. Мæскуыйы быимæ цы æрдхæрæны хæст бацайдагъ, арв æмæ зæхх кæрæдзи кæм хостой, уырдыгæй цæй писмо фыссæн уыдаид. Хуыздæр уавæры нæ уыд уыцы бонты Хъаллæйы тарст уд дæр. Иуæй, лæппуйæ ницы хабар уыд дыууæ мæйæ фылдæр, иннæмæй, лæг цыма уыциу гæппæй до- ны бын фæцис — йæ кой, йæ хъæр нæ райхъуыст. Ды- выдон арты бахауд сылгоймаг... * * * ...Арвыл къæмы хал нæ зынд, дымгæйы уддзæф ни- куыцæй цыд. Хур цыма зæххыл атулынмæ хъавыд,'— йæ рухсæй миты цæхæртæм цæстытæ нæ фæрæзтой кæ- сын. Æрмæст къæхты’бынæй миты хъыррыст дардмæ хъуыст. Кæд хур йæ зынг цæстæй æдзынæгæй каст, уæд- дæр уæлдæфы уазалад нæ къаддæр кодта.- Æрмæст хуры рухсмæ цы æрдз тæмæнтæ калдта, уый рæсугъд- дзинад адæймаджы зæрдæйы цинад цырен кодта, худ- тис. Уæнгты рогдзинад йæхи æмбæхсын нæ фæрæзта. Æнцон уыд адæймагæн... Æнцон уыд... Фæлæ æнцон нæ уыд Ванойæн. Нал уыдта æрдзы рæсугъддзинад. Ныр цалдæр мæйы хуыссы госпиталы. Хуыссы... бирæ ис йæ алыварс, хæсты аз&р’йæй басыгъта, ахæмтæ. Фæлæ 140
Ванойыл йæ дуне баталынг. Нал уыны хуры рухс. Ба- куырм йæ дыууæ цæстæй дæр. * * * Къуырийы бæрц рацыд, Вано сæхимæ куы ис, уæ- дæй, фæлæ сæм уæддæр адæм сæ цыдæй не ’нцайынц. Цæуынц æмæ цæуынц. Алчидæр сæ Хъаллæйæн фæзæ- гъы: «Æгайтма дæ иунæг уыцы зындоны артæй раир- вæзт». Хъæуы цæрджытæй хæсты быдыры чи уыд, уы- донæй бирæты зынг ахуыссыд, æмæ никуыуал фендзыс- ты сæ бинонты. В,ано уыд фыццаг, хъæуы фæсивæдæй ма йæ фыды хæдзарыл удæгасæй чи сæмбæлд, уыдонæй. Æмæ кæд саугуырм баци, уæддæр хæлæггæнджытæ бирæ уыд Хъаллæмæ. Дуар куы байгом кодта Хъаллæ, уæд мидæмæ æрба- хызтысты цалдæр скъоладзауы, сæ иумæ дидинджытæ, афтæмæй. Вано цæмæй уыдта уый, фæлæ уæддæр къæхты уы- нæрмæ бахъæлдзæгдæр æмæ мадмæ бадзырдта. — Галлæ, чи ’рбацыд? Скъоладзаутæ та сты, æвæц- цæгæн... Мад æм ницыма сдзырдта, афтæмæй йæхæдæг фæ- рæвдз: — Æгас цæут, æгас. Сбадут. Галлæ, бандæттæ дзы нæй? Сбадын сæ кæн. Уадз æмæ мын исты хабæрттæ ракæной. Уыдон фылдæр фехъусынц хистæртæй. Æц- цæй? — цыма сæ уыдта, афтæ се змæлдмæ гæсгæ уыдо- нырдæм азылдта йæ сæр. Мады зæрдæ ауынгæг фырт æмæ скъоладзаутæм кæсгæйæ. Йæ цæстытыл ауад йæ хъæбул уыдоны ка- рæнæй. Раст цыма знон уыд... — Галлæ, ам нал дæ æви? Мад йæхи фæхъæддых кодта. — Ам дæн, ам, Уано. Скъоладзаутæ дын дидинджы- тæ æрбахастой...
— Дидинджытæ? Æмæ сæхæдæг дидинджытæй хуыз- дæр куы сты. Кæм сæ ссардтой ацафон? Сбадтыстут æви нæма? Рахабæрттæ-ма кæнут... — Цы хабæрттæ дын ракæной, Уано, нырма сывæл- лæттæ куы сты. Æвдæм къласмæ нæ цæут, Таирæ? Чызджытæ фефсæрмхуыз сты, фæлæ лæппутæй иу фæцырд: — Хъаллæ, æстæм къласмæ цæуæм. — Уыныс, Галлæ, æстæм къласмæ цæуынц, ды та ма сæ сывæллæттæ хоныс,— йæхи нал баурæдта Вано.— Радзурут-ма, куыд цæуынц уæ ахуыртæ? — Хорз...— сдзырдта та уыцы лæппу. — Хорз. Уый æвзæр нæу. Фæлæ уæддæр, куыд? Æз дæр сымах карæнæй ам ахуыр кодтон... Арæх бæрæг кодтой скъоладзаутæ Ванойы. Æмæ йæм кæд райдианы ахæм æнкъард зæрдæйæ цыдысты, дзурын дæр æм æфсæрмы кодтой, исты хъыгдзинад ын кæд кæнæм нæ дзæгъæл ныхасæй, зæгъгæ, уæддæр куыдфæстæмæ, раст цыма æмгæрттæ уыдысты, афтæ ныфсджын æмæ хъæлдзæг дарын райдыдтой сæхи. Уы- мæн Вано йæхæдæг уыдис амидингæнæг. * * * Таирæ нæ бамбæрста, азтæ куыд азгъордтой, уый. Ванойыл афтæ сахуыр, æмæ, æвæццæгæн, æфсæрмы куы нæ кодтаид, уæд уыдонмæ æрцардаид. Ноджы лæппутæ куыдфæстæмæ хæсты быдырæй уæззау цæфтæй здæхын куы байдыдтой хъæумæ, уæд скъоладзаутæ уыдоныл апырх сты, æмæ Вано бынтондæр Таирæйы æвджид баз- зад. Хъаллæйæн уый æхсызгон уыд. Иуæй йыл лæппу дæр сахуыр — банцайæн-иу ын нал уыд йæ ных^сæн. И^нæмæй бирæ кæстæриуæгдзинад кодта рынчынæн, æмæ уый æкцон уыд Хъаллæйæн. Иæхи чызгау æй ба- уарзта. Таирæ-иу сæм æрæгмæ куы цыд, уæд-иу лæппу ма- 142
ды фарсты бын фæкодта. «Нæма фæзынД Таирæ?», «Кæм хъуамæ уа Таирæ ныронг?», «Кæд йæ зæрдæ ис- тæуыл фæхудт, Галлæ». «Уæдæ рынчын фæуа...» Куыд- фæстæмæ гуырысхо кæнын дæр ма райдыдта мад йæ лæппуйыл, фæлæ цавæр у..4. Чызг сывæллон куы у ныр- ма. Стæй кæй хъæуы саугуырм мойæн, бархийæ йæ бæрзæйыл чи сæвæрдзæн къæлæт!.. Адæм цалдæр азы дæргъы цæмæй сфæлмæцыдысты, удуæлдай æгъатыр тохы бирæты зынг кæм ахуыссыд цæрынхъуагæй, уыцы хæст банцад, сулæфыдысты сæ риуыдзаг. Фæлæ хуры рухс тынтæ иухуызон хъармад нæ лæвæрдтой алкæмæн. Æгæр уæззау хъæнтæ ныу- уагъта йæ фæстæ. Чи йæ зæрдæйы маст цæстысыгæй æхсадта, йæ фыды хæдзар чи нал ссардта, уыдоныл хъарæггæнгæ, чи йæ цæфтæ дзæбæх кæныныл архайд- та, цæмæй та йæ царды хай æххæстæй иса фыццагау, чи’та царды цинæй йæхицæн æфсис нал зыдта. Алчи йæ уд, йæ цардарæзты кой кодта. Таирæмæ дæр уыдис хи фæндтæ, хи хъуыдытæ. Фæ- цис каст астæуыккаг скъола. Хъуамæ бацæуа институт- мæ. Фæлæ куыд? Вано цæлхдуры хуызæн слæууыд йæ размæ. Йæ хъуыдытæ уый алыварс зилдух кодтой æдзухдæр. Лæппу дæр хуыздæр ран нæ уыд. Æмæ куы базыд- та чызджы фæнд, уæд, дзæгъæл бадт кæнын мын æгъ* гъæд у, зæгъгæ, горæтмæ цæуыныл ныллæууыд. — Тынг хорз кæныс, Таирæ, институтмæ цæуынвæнд кæй скодтай, уымæй,— загъта Вано чызгæн, хæлæг æм кодта æви йын, хицæн кæй кодтой, уый зын уыд, ахæм æнæбæрæг хуызы. — Æз дæр, æвæццæгæн, горæтырдæм айсдзынæн, мæхи, æндæр ам кæдмæ æнæисты сæрфатæй баддзынæн. Уым кæд исты куыстыл фæхæст уаин. Куырмытæн, дам, дзы цыдæр æхсæнад ис... Таирæйы зæрдæ ныссæххæтт кодта лæппуйы ныхæс- тæм. Скæуынмæ дæр æй бирæ нал хъуыд. Фæлæ Вано 143
ницы бамбæрста уымæн. Йæхи хъуыдытыл уыд, йæхи сагъæстæ йæ удхарæй мардтой. — Уый та цы хоныс, Уано? — йæхи фæхъæбатыр кодта чызг.— Исты куыст, куырмыты æхсæнад... Æмæ ахуыр кæнынмæ цæуылнæ цæуыс? Ау, махæн дæр ма-иу куы кодтай æххуыс, уæд дæхæдæг... Лæппу цыма сонтæй йæ тарф фынæйæ фехъал,— аджих. Таирæйы ныхæстæм куыддæр фæцис йæ зæрдæ. Уæды онг никуы ахъуыды кодта ахуыр кæныныл. Æрæгвæззæг. Бæстæ—сабыр. Æрдз та адæмы амондæн худы, рæвдауы сæ. Бæлæсты сыфтæрты сырх- хъулон цæхæр æнахуыр æрттывд кæны хуры рухсмæ. Мæйæ фылдæр арвыл мигъы къæм нæма уыд — уыцы цъæх-цъæхидæй ауды зæххыл. Мит, цыма дæлдæр æрцæ- уын уæндгæ нæ кæны, хæхты цъуппытæй æнкъарДæй кæсы уырдыгмæ. Адæм цас сфæлмæцыдысты хæсты азты, уыйбæрц ныр æрдз æгасæй дæр, цыма йæ хæс фиды цардæфхæрд адæмæн — нал ауæрды рæвдауыныл. Вано æмæ Таирæ дæр горæтаг баисты. Чызг ахуыр кæны, лæппу та кусгæ дæр æмæ ахуыр дæр — фæсау- уонмæ. Сæ уæгъд рæстæг арæх вæййынц иумæ. Кæд ма хъæуы цæргæйæ Ваномæ мад каст æмæ Таирæйы хъуаг афтæ тынг нæ уыд, уæд ныр ам бынтондæр уый æвджид баци. Уæвгæ, чызгæн йæ бон уыд лæппуйы йæ- хи бар ныууадзын. Фæлæ йæ афтæ бакæнын, цæмæдæр гæсгæ, нæ фæндыд. Цы бон æй нæ фены, цы бон ын нæ балæггад кæны, уыцы бон йæ сæрмæ лекцитæй дæр ни- цы фæцæуы. Лæппу дæр, сывæллон йæ мадмæ куыд кæса æнхъæлмæ, раст афтæ чызджы æрбацыдмæ йæ зæрдæ мæтæй фæцæйтоны. Куы баиу вæййынц, уæд сын æнæ кæрæдзи зын у, уый дæр сæ æрбайрох вæййы. Афтæ сæм фæкæсы, цыма æдзухдæр иумæ уыдзысты! ныр. Цæмæн, уый ые ’мбарынц, стæй йыл хъуыды -дæр нæ дæнынц. Иузæр та сыл институты хабæртты фæдыл ныхаз кæнгæйæ банафон. Таирæйы æмдзæрæнмæ цæуын хъуыд, 144
æмæ иунæгæй куыд ацæудзæн, зæгъгæ, Вано сагъæсы бафтыд. Фæндараст зæгъынæввонг, чызджы къух йæ армытъæпъæны, афтæмæй къæмдзæстыгхуызæй райдыд- та лæппу, чызг цæуынмæ куы сыстад, уæд: — Таирæ, зоныс æй дæхæдæг. Мадызæнæгæй хæс- тæгдæр æвæрд дæ мæ зæрдæйы. Галлæ дæр дæ йæхи чызджы хуызæн бауарзта. Ныр æнафон у, иунæгæй куыд ацæудзынæ? Мæ бон та дæ фæхæццæ кæнын нæу, Таирæ... Мæ зæрдæ дæм æхсайдзæн... Уыйфæстæ Таирæ бирæ æфхæрæн уайдзæфтæ райс- та, «æнæнтыст æрбауай, сывæллон уæвгæйæ дæ ныфсцæ- мæ бахастай», зæгъгæ. Фæлæ чызг никæмæ байхъуыс- та. Цы уæззау хæс иста йе ’ккоймæ, уый æххæстæй æм- баргæ дæр иæ кодта, чи зоны, фæлæ æгæр бирæ бауарз- та Ванойы. Æмæ йæм фæсмон никуы ’рцыд, кæд ын цыфæнды зын уыд, уæддæр. Иуæй, йæ лæг æрдæг адæймаг, афтæ- мæй ма ахуыр дæр кодтой, иннæмæй фæзынд сывæл- лон дæр. Фæлæ уæддæр нæ фæтасыд Таирæ. Сæ сыгъ- дæг уарзондзинад ын æгæрон тых лæвæрдта. Æмæ йæ йæ зæрдæ нæ фæсайдта. Цард ыл гадзрахатæй нæ ра- цыд. Цæйбæрц зынтæ федта сæ царды райдайæны, уы- дон цыма фыны уыдысты, афтæ ма ауайынц йæ цæсты- тыл, æмæ сыл хинымæр бахуды. Хъырым, 1978 аз ГАБИЙЫ ДЫРГЪДОН Дзыллæйыл кæд азтæ бирæ цыдис — сæдæмæ æв- вахс — уæддæр дондуры хуызæн, цыма сæттын никуы бакуымдтаид, афтæ хъæддых зыыд. Ныр æвиппайды æрсад. Сыстын йæ бон нал у. Йæ хъаруйæн байсысы- нæй чи нæ тарсти цæрæнбон, уый ныр æлдыгъы ’вæрд æрчъиаджы хуызæн ныллæхъирхуыз. Йе уæнгыл схæ- цын дæр йæ бон нал у. Йæ лæ.г Хадзымæт куы амард, уæдæй фæстæмæ сæ 145
хистæр чызджы сывæлЛæтты кæстæр Мæдинæ йемæ цард. Ауалдзæг дæсæм къласмæ чи бахызт, ахæм чызг. Фыццаг дыууæ боны Дзыллæ йæ чызджытæй искæмæ арвитын дæр нæ уагъта. Нæ йæ уырныдта уыцы хуы- зæнæй дæр, нал рабаддзæнис, уый. Фæлæ Мæдинæ нал уæндыдис иунæгæй рынчын зæронды раз. Сыхагæй та мæгуыргомау уыдысты. Æртæ хæдзары ма баззад æгас хъæуы æдæппæт. Иннæ цæрджытæ быдырмæ алыгъды- сты. Æмæ чызг сусæгæй йæ мадмæ арвыста Дзыллæйы хабар. Ныр цалдæр боны йемæ сты йæ чызджытæ дыууæйæ дæр. Æмбарынц ын йæ уæззау уавæр. Фервæзинаг нал у. Рæстæг йæхионтæ кæны... Бынтон æруæззау Дзыл- лæ. Ныхас кæнын дæр йæ бон нал у. Йæ дзыхы ныхас нал бады. Йæ цардвæллад зæронд цæстытæ донæй куы айдзаг вæййынц, уæд хус мæллæг былтæ сабыр тыхыз- мæлд бакæнынц, æмæ арф кæцæйдæр гæзæмæ райхъуы- сы: — Га-а-би... Га-а-би... ...Иу уалдзыгон бон Бæрзыхъæуæй Сырх Æфсады рæнхъытæм ацыд æртæ лæппуйы. Уыдонимæ уыдис Ха- дзымæт æмæ Дзыллæйы иунæг бындур Хазби дæр. Иу- бон Дзыллæ хъуг дуцынмæ куы рацыд, уæд кæсы æмæ Хадзымæт, сæ хæдзары фарсмæ цы чысыл дзæгъæл бы- дыр уыд,— йæ астæуты уырдыгмæ суадон згъордта сæрдæй, зымæгæй,— уым куы иуырдæм асанчъехтæ кæ- ны, куы — иннæрдæм. «Зæроидырдæм йæ сæр дзæгъæл- тæ кæны æви уый цы кусы?», зæгъгæ, йæ бедра йæ цонгыл, афтæмæй йæ цурмæ бацыд Дзыллæ. — Дæ хорзæхæй, нæ лæг, афтæ раджы катайгæнæ- джы рауай-бауай цы кæныс ам? — Мæнæ ацы суадоны фæйнæ фарс бæлæстæ са- дзын. Уадз æмæ Габи дыргъдон сæййафа. ) — Уый та дæ сæрмæ кæцæй æрцыд? Дыргъдон. Мæ уд йæ фæхъхъау фæуа Габийæн. Хæрзаг æхсызгон ын уыдзæн. Н6
— Æхсызгондæр ын уыдзæн, стæй уый цæрæнбоны цардыхос дæр у... — Ничи мæм кæсы, бастъæлон. Лæууыныл куыд фæ- дæн, цыма мын ницы куыст ис. Афтæ дзургæ Дзыллæ фæраст скъæтырдæм. Йæ дуа- рыл ын бахæцыд, стæй фæстæмæ сонт здæхт фæкодта æмæ ма радзырдта: — Æмæ сæ садзгæ та кæд кæныс?.. Уыцы аз æрæгвæззæгмæ æввахс Хадзымæт ныссагъ- та суадоны дыууæ фарсы фараст фæткъуыйы, æхсæз кæрдойы æмæ æртæ балы. Талатæ уалдзæджы иууыл- дæр схæцыдысты. Дыккаг уалдзæг тарбынцъæх бæз- джын сыфтæрджын къабузтæ уыцы æмвæтæнæгæй хæрдмæ куы ныццавтой, уæд ма уыдонмæ акæсынæй æхсызгондæр цы уыд Хадзымæт æмæ Дзыллæйæн. Сæ бакастмæ гæсгæ бæлæстæй иуæй-иутыл дидинæг дæр уыдзæн фидæн уалдзæг. Уымæн йæ фæззæджы та Хаз- би хъуамæ сыздæха æфсадæй. Æмæ сæ хæдзары фарс- мæ, цæрæнбон астымæй цы зæхх сæфт, уым хъуамæ сæййафа дыргъдон. Мад æмæ фыды бæллиц, сæ царды амонддæттæг сæнттæ афтæ агайдтой зæрдæты, ахæм цыбæлдзинад гуырын кодтой, æмæ сæм ипнæ азмæ æнхъæлмæ кæсын дæр нал цыд. Æрхъæцмæ дæр нал хъæцыдысты сæ фыр- ты сыздæхынмæ. Бон цалдæр уады кодтой дыргъдонмæ. Цыма Хазбийы сыздæхын æфсадæй уыцы бæлæстæй аразгæ уыд. Фæлæ зæххыл зæрдæйы фæндиаг цард кæм ис? Уы- цы уалдзæг куыддæр ахицæн, афтæ райдыдта Фыдыбæс- тæйы стыр хæст. Хадзымæт æмæ Дзыллæйы уынаффæ- тæ фæсыкк сты. Бонæй бон фыддæр кодта рæстæг. Цар- ды уæз адæмыл дывæлдахæй йæхи æруагъта, цыма дзы исты аххосджын уыдысты. Маст æмæ зæрдæйы рыст адæймаджы буар нал урæдта. Ныддæргъвæтин ис хæст. Сæ иунæджы мæтæй батадысты Хадзымæт æмæ Дзыл- лæ. Нæ баууæндыд Хадзымæт Хазбийы сау уацыл,, кæд 147
мидæгæй зæрдæ сыгъд, уæддæр. Не схъæр кодта Дзыл- лæйæн дæр æвирхъау хабар, куы нæ йын бафæраза, зæгъгæ. Æмæ йыл цæмæй ус ма фæгуырысхо уа, уый тыххæй алы уалдзæг дæр дыргъдоны дыгай бæлæстæ садзын райдыдта. Уый не ’мбаргæйæ йын Дзыллæ та кувынæй не ’нцад. Дзуары бынмæ йæ цыд къæвда бон дæр нæ уагъта. — У-у-у, Мадымайрæм, æнæ къах, æмæ къухæй дæр ма æгас хæдзар куы ссарид Габи... Уæдæ цы зæх- хы скъуыды ныххауд Габи? Иæ кой, йæ хъæр куы ни- куыцæй хъуысы, цы ран, цы бæсты ис? Ахæм мидхъуырдухæнгæыгæ йæ бонтæ æрвыста хæс- ты фæстæ мад. Хадзымæт нал бафæрæзта дарддæр æн- хъæлмæ кæсын. Зæрдæйы низæй æрсад æмæ амард. Би- рæ хæттыты бахæлæг кодта Дзыллæ йæ лæгмæ, æн- хъæлмæ кæсын кæй нал хъæуы, зæгъгæ, фæлæ та-иу йæхи æфхæрыныл фæцис: — Ме ’гæрыл уои, ме ’гæрыл, уастæн. Æмæ Габи сонтæй куы ’рбалæууа, уæд та?.. Нæ зæгъдзæн, уайых фæуат, уайых, мæ ныййарджытæ. Куыннæ бафæрæзтаг æихъæлмæ кæсын. Дыргъдон дæр фæйнæрдæм фæцыд. Дыргътæ куыд цæттæ кодтой, афтæ сæ Дзыллæ уарын байдыдта, уын- джы цæуджытæй кæуыл хæст кодта, уыдонæн. Бон- изæрмæ-иу кæрты дуарæй мидæмæ нæ бахызт. Ноджы дыууæ азы размæ комрæбын æрзæт къахын байдыдтой, æмæ Барзыхъæуы иунæг уынджы цæуæг сарæх. — Фæлæуут-ма, уæ фæхъхъау фæуон,— адзырдта-иу Дзыллæ рæвдаугæ хъæлæсæй алы цæуæгмæ дæр, йæ рахиз къухы армытъæпæнæй йæ маствæллад цæстытæн аууон даргæ. Ахæрут-ма мæнæ ацы фæткъуытæ æмæ кæрдотæй. Кæрдотæ ноджы хæрзаддæр сты... Уемæ дæр дзы айсут, мæ къонатæ. Габийы хæйттæ уын уыдон та. Нæ сывæллонæй зæгъын. Сымах æй цæмæй зонут, уæ рын бахæрон. Уый дыргъдон у. Йе ссыдмæ йын æй йæ фыд ныссагъта. Йæхæдæг хæстæй, дæлдæр ныххауа йе 148
’рхъуыдыгæнæг мах тæригъæдæй, нæма сыздæхт ныр- ма... Сывæллонæй дæр Габи йæ хай иунæгæй никуы бахордта. Ахæрут дзы, ахæрут ноджыдæр... Цас фылдæр цæуæг уыд сæ иунæг уынджы, цас фыл- дæр дыргътæ уæрста Дзыллæ адæмæн, уыйас йæ удæн æицондæр уыдис. * ...Ныр æррынчын. Бонæй бон фыддæр кæны. Дык- каг бон йæ цæстытæ нал байгом кодта, нал змæлынц былтæ. Йæ улæфт дæр бæрæг нал у. — Габи... дуа-рмæ... акæ... кæд... ыс... миййаг. Ду- ар... Габ... и... Сыстыныл архайы, фæлæ ма кæм ис уыцы хъару. Йæ чызг æй фелвæста йæ хъæбысмæ сывæллонау. Цас- тæ ма уыд. Батад мæт æмæ сагъæсæй. Рахаста йæ дуар- мæ. Комы æрбацæуæн фæндагмæ ныккаст Дзыллæ, æрæджиау ма райхъуыст йæ саст хъæлæс: — Цы фæ-дæ, Га-би?.. Нал федтой Хадзымæт æмæ Дзыллæ сæ хъæбулы, фæлæ ма абон дæр дидинæг калы, адæмы бæркадæй æфсады Габийы дыргъдон. ÆХСЫЗГОН ФЕМБÆЛД — А-а-а-а, мæ лымæн, колхозы сæрдар, схæццæ та дæ? — Бахатыр кæн, Евгений Владимирович, æнхъæл- дæн æмæ дæхи цæуынмæ рæвдз кæныс,— фæрсæгау ба- кодта Агуыбе. Ацæуинаг уыдтæн, фæлæ ныр та ам баззайынмæ хъавын. Уымæн æмæ зонын, ды та консультацимæ кæй ссыдтæ, уый. Афтæ ныхасгæнгæ профессор йæ худ систа йæ сæ- рæй, йæ тæнæг фæныкхуыз палто фæстæмæраласта æмæ сæ рагъæныл сауыгъта, йæхæдæг бацыд йе стъолы цур- мæ. 149
Агуыбе къæмдзæстыгхуызæй лæууыд. — Цы ныджджих дæ, сбад,— загъта профессор. — Евгений Владимирович, уæд та ацыдаис... Дæ изæр мæн тыххæй ма саф... æз... — Сбад, сбад, æз лæппу нал дæн. Мæнæн мæ изæр дæр æмæ мæ бон дæр, ахуыр чи кæны, уыдоны сты. Ныртæккæ куы нæ адзурæм дæ фарстатыл, уæд мæ уый- фæстæ нал равдæлдзæн. Авд сахатыл нæм партион æм- бырд уыдзæн, æмæ æз хъуамæ уым уон. — Æмæ цавæр фарстайыл дзурдзыстут? — Партийы Центрон Комитеты сентябры Пленум хъæууон хæдзарады тыххæй цы ахсджиаг уыиаффæтæ рахаста, уыдоныл уыдзæн ныхас. — Иттæг хорз! Æз дæр байхъусдзынæн. Мæн æнæ- мæнг хъæуы, институтмæ* цы фæндтæ ис, уыдон зонын. ...Сæрдариуæггæнæг æмбырды боны фæткмæ гæсгæ ныхасы бар радта институты партион организацийы сек- ретарæн, партийы рæнхъытæм бацæуыны тыххæй цы дыууæ курдиаты æрбалæвæрдæуыд, уыдоны фæдыл., Секретарь базонгæ кодта æмбырды уæвджыты курдиат æмæ анкетæйы фыстытимæ æмæ бакаст сæрдариуæг- гæнæджырдæм. Уæдмæ залы астæуæй сыстад иу бæрзонд, ирдцъар, тымбылдзæсгом, гуырвидауц чызг æмæ æрлæууыд пре- зидиумы раз. — Æмбæлттæ, чи цæмæй бафæрсинаг у? — чызгмæ бакæсгæйæ сдзырдта сæрдариуæггæнæг. Æмбырды уæв- джытæ цалдæрæй æмдзырд скодтой: — Радзурæд уал йæ биографи, стæй уæд фарстатæ дæр уыдзæн. Чызг дзурынмæ дæр нал арæхст, утæппæт адæмы цæстæнгас уымæ арæзт кæй у, уый куы федта, уæд. Фæлæ та йæм сæрдариуæггæнæг фæлмæн бахуд- гæйæ куы æрбакаст æмæ куы сдзырдта: «Дзур, дзур, табуафси», уæд чызг фæныфсджындæр. — Æз, Юрпольская Валентинæ Ивановнæ, рай- гуырдтæн Киевы. Мæ ныййарджытæ уыдысты хæстон 159
^службæгæнджытæ. Хæсты агъоммæйы фæстаг азты цардысты Львовы. Мæ фыд батальоны къамандир уыд, мæ мад та дохтырæй куыста... ■ Агуыбе дзæбæх нæ фехъуыста чызджы ном æмæ мыггаг, фæлæ йæ ныййарджыты кой куы скодта — кæм цардысты, кæм куыстой, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, цыма истæмæй фæтарст, уыйау. Чызг дарддæр йæ ныхас кодта: — 0, æз ма хъуамæ зæгъон, куыд сæфтыдтæн ар- дæм, Ирыстонмæ. Мæнæй уый никуы ферох уыдзæа. Æрмæст рагацау хатыр курын, кæй уæ фæстиат кæнын, уый тыххæй. Æз ныртæккæ цы радзуринаг дæн, уый никуыма никæмæн загътон. Фæлæ иæ абоны хуызæн кадджын æмæ цины бон хъуамæ радзурон. Уымæн æмæ мæ ахуыры, мæ бæллицты тынг стыр бынат бацахста уыцы цау. Ахæм æхсызгондзинад æмæ цин фæзындис чызджы цæсгомыл, афтæ ссыгъдысты йæ цæстытæ, æмæ йæм раздæры нæуæндондзинадæй ницыуал аззад. Куыд- фæстæмæ йæ алы дзырд дæр хауд зæрдæйы арфæй æмæ цыдæр æнахуыр тынг хъардта залы алы бадæгмæ дæр. ...— Уыцы сахат,— дзырдта дарддæр чызг,— лейте- нант хæххон уарийау мæнмæ фæлæбурдта æмæ мæ йæ хъæбысы æрбакæнгæйæ æвирхъау знаджы сармадзанты æмæ минометты нæмгуытæй бааууон кодта. Йе ’рыгон уды цард лæвæрдта, æнæзонгæ сывæллоны цæмæй фер- вæзын кæна, уый тыххæй. Афтæ куы нæ бакодтаид лей- тенант, уæд абон æз сымах размæ нæ лæууин. Уыцы лейтенант уыд ардыгон — ироп, йæ ном та хуынд Агуы- бе... Агуыбе фырцинæй уыциу гæпп фæласта æмæ, пре- зидиумы раз куыд алæууыд, уый уынгæ дæр, æвæццæ- гæн, ничи акодта, цалынмæ æвиппайды йæ фæлмæн хъæ- лæс нæ райхъуысти, уæдмæ. — Валя! Ау, уый ды дæ, Валя?!. Чызг фæтæрсæгау кодта «æцæгæлон» адæймаджы 151
сонт фарстæй, стæй æппынæрæджиау фæрсæгмæ æдзы- нæг ныккаст æмæ «дядя Агуыбе!» ныхъхъæр кæнгæйæ атыхст лæппулæджы хъуырыл. Агуыбейæн æвиппайды йæ цæстытыл ауад чысыл Ва- ля, æмæ чызджы къухтæ йе ’фцæгыл куы атыхстысты, уæд æй фыццагау æрбалвæста йæ риумæ. Чысыл са- бийы бæсты йæ хъæбысы уыд бæрзонд чындздзон чызг. — Валечкæ, мæнæ диссаг. Цас ма дæ фæцагуырд- тон, фæлæ кæм? — Агуыбе! Куыд амондджын дæн. Ныр ма дæ Клав- дия Михайловыæ дæр куы федтаид. Куыд цин кæнид, куыд амондджын уаид уый дæр... — Æмæ кæм ис, цы фæцис Клавдия Михайловнæ? — Нал ис... * * * Æмбырды уæвджыты бафæндыд базонын, Валя æмæ Агуыбе афтæ тынг кæрæдзийыл цæмæн цин кæнынц, кæд фембæлдысты фыццаг хатт... 1941 аз. Танкæты ныхмæ хæцæг сармадзанты диви- зион хистæр хицауы бардзырдмæ гæсгæ æрбынат кодта егъау хъæуы кæрон, стыр фæндаджы цур, акациты къохы. Уыцы фæндаг цыд цæгат-ныгуылæнырдыгæй Ни- колаевмæ. Æнуд уыд бон. Уæлдæфы дымгæйы уддзæф ничер- дыгæй цыд. Æрмæст-иу стæм хатт уæззау сармадзаны гæрах кæнæ бомбæйы нæрын æнæбарыгомау æрбай- хъуыстис ныгуылæнырдыгæй. Адæм цыдысты скæсæ- нырдæм, цыдысты æнæкæрон даргъ рыг, фæндæгтыл, цыдысты æхсæв æмæ бон нæ хынцгæйæ. Фæндагыл уæз- зауамад бæхуæрдоны фæдыл акациты къохмæ æрбав- вахс сылгоймæгты къорд цалдæр сывæллонимæ. Сыл- гоймæгты цæстæнгас уыд мæстæйдзаг æмæ фæллад, аф- тæмæй æнæбары цыд кодтой уæрдоны фæдыл. Бæрæг 152
уыд, бæх дзæвгар рæстæг кæй фæсад, фæлæ ныр хуыз- дæр гæнæн кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ ифтыгъд кæй æрцыд, уый. Адæм дйвизионмæ куыд æрбахæстæг сты, афтæ цæ- гат-’ныгуылæнырдыгæй фæзындысты знаджы бомбæппа- рæг хæдтæхджытæ. — Уæлдæф! — æвиппайды райхъуыст дивизионыр- дыгæй. ’ — Фæпырх ут фæндагæй фæйнæрдæм! Цæуджытæ иудзæвгар нæ бамбæрстой, хъæр цæуыл у, уый, æвæццæгæн дзы алкæмæн дæр йæ сæр дзаг уыд алыхуызон мæт æмæ тыхст сагъæстæй. Стæй æваст фæ- пырх сты бæлæсты бынты цъæхахстгæнгæ. Æрмæст урс- дзыгъуыртæ морæкъабазджын, бæзæрхыггомау,* хæрз- хуызцæсгом, бæрзонд ас сылгоймаг иу-дæс-дыууадæс- аздзыд чызджы къухыл хæцгæйæ иуварс нæ хызт фæн- дагæй, цыма æппындæр ницы хъуыста æмæ ницы уыдта, уыйау. йæ сæр ноджы бæрзонддæр систа, йе уæнгтæ айтынг кодта, фæстæрдæм, хæдтæхджытырдæм акаст æнæуынон цæстæй æмæ дарддæр йæ цыды кой кодта уæрдоны фæдыл. — Цы ми кæныс, сывæллоны уæд та цæуыннæ ба- аууон кæныс?! — райхъуыст ныр барджындæр хъæлæс. Фæлæ сылгоймаг цыд дарддæр йæ фæндагыл. Уæд сармадзаиты взводы къамандир æрыгон лейтенант Агуыбе йæхи нал баурæдта æмæ разгъордта фæндаг- мæ. Сылгоймаджы цурмæ куы бахæццæ, уæд федта: тасдзинад нæ зынд йæ цæстытыл. Æрмæст ацæргæ цæс- гомы æнцъылдтыл лакъон хиды фæдтæ баззад, кæд-иу йæхи асæрфта йæ цъæх урс дæргъытæ куатæйæ, уæд- дæр. Агуыбе сывæллонмæ куыд æрцæйæвнæлдта, ома, си- сон æй мæ хъæбысмæ æмæ рæвдздæр ахонон зæронды бомбæтæй бааууон кæнынмæ, зæгъгæ, афтæ йæм сыл- гоймаг мæстыхуызæй барджын дзырд скодта: — Лæппу, ма ’внал!.. Мæ зæронд урс сæрмæ æз уый 153
не ’рхæсдзынæн, цалынмæ æгас уон, уæдмæ, ,æмæ кæм райгуырдтæн, кæм схъомыл дæн, бирæ хидвæллой кæм фæкодтон, рæсугъд цæрон, зæгъгæ, уыцы зæххыл æз барджын къахдзæф ма кæнон. Æгъгъæд сын фæуæд, ме ’нæуынон фæуой, мæ дзæбæх къона рæстæгмæ уыцы æлгъыстаг адæмы къухы кæй уадзын, уый... Ехх! Мæхи Украинæ!.. Агуыбейæн цыма йæ былтæ бакъуырдæуыд, уыйау æнæдзургæйæ цыд сылгоймаджы фарсмæ, чысыл чыз- гæн йæ иннæ къухыл хæцыд, афтæмæй. Исдуг йæ дзы- хы дзырд нал бадти, стæй загъта: — Дæ ном дын нæ зонын, нæ мады хай, бахатыр кæн, фæлæ Украинæ махæн дæр зынаргъ у. Æз ирон дæн, кавказæй, фæлæ нæ украинаг æфсымæрты тыххæй мæ уд раттыныл дæр разы дæн, куы бахъæуа, уæд. Ацы ныхасмæ зæронд ус Агуыбейы саулагъз къæс- хуыр цæсгоммæ бакаст иуварсырдæм, цыма афтæ загъ- та: «Кæс-ма амæ, зонд мын амоны йæ зæрдæйæ». — Æмбал лейтенант, бахатыр кæн, æз дæр дын нæ зонын дæ ном, фæлæ дын хъуамæ зæгъон. Клавдия Ми- хайловйæ йæхицæй мысан нæ аразы, стæй йæ мæлын дæр нæма фæнды, фæлæ сæ тæрсгæ дæр нæ кæнын. Дæ зæрдыл дар: знагæй тæрсгæ куы кæнай, уæд уый ныфсджындæр кæны. Знаг кæд размæ лæсы, уæддæр хъуамæ зона, мах дзы тæппудлыгъд кæй нæ кæнæм, фæлæ рæстæгмæ кæй цæуæм фæстæмæ. Клавдия Михайловнæйы ныхæстæ Агуыбейы буары иннæрдæм хызтысты, зæрдæмæ арф хъардтой. Бирæ ног ныфс æмæ хъару йæм равзæрд зæронд усы домбай ныхæстæм хъусгæйæ... Уæдмæ хæдтæхджытæ дæр æрбахæццæ сты сæ сæрЦæ. Цыма фондз арвы æмнæрд ныккодтой, уайау сарма- дзанты æмæ минометты хъæрахст райхъуыст. Агуыбе фестъæлфыд, йæ хъуыдытæй æвиппайды фæцух, чызг- мæ фæлæбурдта æмæ ма фæхъæр кодта Клавдия Ми- хайловнæмæ, мæ фæдыл, зæгъгæ, йæхæдæг, сывæллон 154
йæ хъæбысы, афтæмæй фæндаджы иуварс, цалдæр мет- ры æддæдæр цы дзыхъхъ зынд, уырдæм ныггæпп кодта, сывæллоны ноджы тынгдæр æрбалвæста йæ риумæ, аф- тæмæй, æмæ йæм рæвдауæгау фæлмæн дзырдта: — Ма тæрс, ма фæтæрс... Тæрсгæ ма кæн, мах сын базондзыстæм, фæлæууæнт... Ныртæккæ... Нал æхс... дзысты... ма... тæрс... . Лæппу ма йæхи бæргæ хъæддых кодта, фæлæ уай- тагъд бамбæрста, йæ галиу цонг’йæ коммæ кæй нал каст, уый; федта ма, дысалгъы бынæй туг куыд æрфæд кодта къухы æнгуылдзтыл, стæй йæ цæстытæ атартæ сты æмæ ницыуал бамбæрста... Уæдæй нырмæ рацыд бирæ азтæ. Æмæ ныр Агуыбе æмæ Валя сæмбæлдысты ногæй. Чызгæн нал ис мад дæ[5; фыд дæр. Фæлæ ныр фембæлд, йæ саби зæрдæйæ тынг бирæ кæй бауарзта, æвирхъау мæлæты дзæмбы- тæй йæ чи ратыдта, уыцы «дядя Агуыбейыл»... 1959 аз ЗУРИЙЫ МАШИНÆ Хæчъайы æнæхъæн сахаты бæрц хуыссæг йæ быны скодта, æмæ ма-иу кæд цæстытæй тыхкаст ракодта, уæддæр сæ хорз нал уыдта. Тилифоны дзæнгæрæджы сонт зылангæй йæ хуыссæг фæлыгъд, æмæ хæтæлмæ фæлæбурдта. — Хъусын, хъусын! — «Хъусын», «хъусын!» — хæтæлæй фæзмынæгау райхъуыст сылгоймаджы мæсты хъæлæс. — А-а!.. Ды дæ уый? — ивазгæ сдзырдта Хæчъа, дзæнгæрæг уæддæр хицауадæй кæй нæ уыд, фæлæ йæ бинойнаг Зури кæй дзуры, уый куы базыдта, уæд. — «Ды дæ!», «Ды дæ!» — ноджы мæстджындæрæй райхъуыст сылгоймаджы ныхас. Абон мæ парикмахер- 155
мæ цæуын хъæуы, уый куы зоныс, уæд ныронг машинæ цæуылнæ æрбарвыстай? — Уæллæй, æрбайрох мæ... Цыдæр ахсджиаг куыстьг тæ кодтон æмæ... Стæй æнæуи дæр... Абон хорз бон куы у... Фистæгæй, — аххосджынхуызæй фæлмæн дзырдта Хæчъа йæ усмæ, фæлæ йын уый йæ ныхас æрдæгыл аскъуыдта: — «Хорз боы!», «Хорз бон!»... Цу дæхæдæг фистæ-; гæй, кæд хорз бон у, уæд! Æз уынгты фистæгæй нæ араст уыдзынæн! — Хорз, хорз, мæ зынаргъ, фервитын дæм машинæ, мауал мæсты кæн,— зæрдæ йын бавæрдта Хæчъа æмæ хæтæл æрæвæрдта, йæхæдæг секретармæ дæр нал адзырдта, афтæмæй тагъдгомау уæладзыгæй асинтыл æруад, Мурат-иу кæм лæууыд, уырдæм. Дуарæй \оуыд рахызт уынгмæ, ,афтæ машинæ дæр тигъæй фæаууон, æрмæст ма йæ чысыл сырх цæст фæстæрдыгæй иу æрт- тывд фæкодта Хачъайы мæстæймарæгау. Хæчъа сагт?- дауæй баззад. Йæ маст йæ дынджыр гуыбыны рафыхт. — Куыдзы фырт! — фæхъæр кодта æмæ йæ сахатмф æркасти. Уыдис «æртæ минуты хъуаг иуæндæс. Цыцй йын уæлдæф фаг нал уыди, уыйау тыхулæфт кæнгæцæ касти, машинæ кæм фæаууон, уыцы тигъмæ. Чи зойы, цас фæлæууыдаид афтæ, цас æвзæртæ ма фæдзырдт^ид йæхинымæр Муратæн, фæлæ уайтагъд тигъæй æрбазын- ди морæхуыз «Победæ». Машинæ куы фæлæууыд, уæд Муратыл уыциу тъæнг фæкодта Хæчъа: — Цал хатты дын бафæдзæхстон, кæд æдзæсгом нæ дæ, уæд, йæ дуар дæр ын макæмæн гом кæн, зæгъгæ? — Омæ, дзæгъæлы куы никуы уыдтæн, Харитон Ки- риллович. Дæ хæдивæджы дын арæзтадмæ бахæццæ кодтон. Тагъд цæуын æй хъуыд. — Тагъд цæуын нæ, фæлæ йæ кæд дугъы уайын хъущд, уæддæр мæ хъуыддаг нæу! Æз дæн министр, æмæ машинæ дæр мæн у! Бамбæрстай?! Цæугæ хъæмæ. Зури парикмахермæ цæуы. Рæвдздæр кæн, æнæхъæн 156
цалдæр минуты æнхъæлмæ кæсы машинæмæ. Æрмæст дæ зæрдыл дар мæ ныхæстæ, кæд ма дæ кусын фæнды, уæд. Муратæн тынг хъыг уыдис, Хæчъа йæ æнæхъуаджы кæй бафхæрдта, уый, фæлæ баурæдта йæ маст. Маши- нæ араст. Лæг æмæ ус фынддæс азы фæцардысты иумæ, фæ- лæ уый сæ дыууæйыл иухуызон нæ фæзынд. Кæд Хæчъа Зурийæ æртæ азы хистæр йедтæмæ нæу, уæддæр фæй- нæрдæм тынг фæцыд, цæсгомы æнцъылдтæ бонæй бон бæрæгдæр дардтой. Зури та — бæрзонд, гуырвидауц, цардхуыз сылгоймаг. Ирдцъар хæмпус цæсгомыл сырх- ахуырст тæнæг былтæ æмæ гуыбыргомау нарæг фындз аив бадынц. Уæлæуæз даст æрфгуыты бынæй цæстыты каст у сæрыстыр, æнæмæтхуыз. Рагæй дæр ницы куыс- ты сæрыл хæст уыд. Иæхимæ базилын æмæ исты ног дарæсæй адæмы астæу ферттивын уыд йæ сæйрагдæр мæт. Уыйæдде ма хивæнд, тæргайгæнаг. Ныр дæр Му- рат Хæчъайы фатеры дуармæ машинæ куы æрурæдта, уæд Зурп тæргайдзастæй ракаст рудзынгæй, стæй ра- цыд, раст цыма парикмахермæ, нæ, фæлæ чындзхæссæг искуыдæм цыди, ахæм арæзтæй. Æрмæст иу каст ба- кодта Муратмæ тæрæрфыгæй, цыма дзы уый стыр зы- лынджын уыд, уыйау. Рацыд иу сахат. Зури æрбаздæхт сæхимæ, фæлæ йæ тæргай нæма ссыд. Машинæйæ куы рахызт, уæд «буз- ныг» зæгъыны бæсты барджын дзырд бакодта Мурат- мæ: — Æртæ сахатыл мæ хуийæгмæ цæуын хъæуы, æн- хъæлмæ кæсын та дæм ма бахъæуæд. Мурат, цыма ницы фехъуыста, афтæ газ æваст фæ- фылдæр кодта, æмæ «Победæ» рæвдз ацыд министра- дырдæм. Уыдис фæссихор æртæ сахаты. Мурат бадт машинæ- йы æмæ чиныджы касти. — Лæппу, кæсæндшы бадьис, дæ хорзæхæй, æви дæ 157
куьисты дæ?! Æртæ сахатмæ дын машинæйы тыххæй куы загътой, уæд цæуылнæ ацыдтæ?! — сзагьд кодта Хæчъа’ Муратмæ йæ тымбыл даст сæр кабинæйы рудзынгæй ба- даргæйæ. — Афтæ нæ затътай, ме ’вастæй дуар дæр макæмæн гом кæн, зæгъгæ? — дзуапп радта Мурат йæ чиныг æфс- найгæйæ. — Æ|мæ дын афтæ затътон, мæхицæн дæр мын мауал кæн мæ (машинæйы дуар?! Æ,мбарын хъæуы, æмбарын, стæй сæрæй чысыл хуыздæр кусын хъæуы, чйнгуытæ дзæгъæл каст кæныны бæсты! Цæугæ, байрæджы код- тай! Цалдæр минуты фæстæ Хæчъа фистæгæй йæхæдæг тындзгæ цы уынджы фæцæйцыд, ууылты Зури «Победæ»- йы йæ цурты ’асыффытт л’аста. Изæры æвдæм сахат æрдæг уыд, афтæ Мурат Хæ- чъайы баласта йæ фатермæ. Хæрзæхсæв нæма загъта лæппу, афтæ Зури 1сæ разы алæууыд. Мураты <зæрдæ (бауаэаш. «Исты фæнд та йæм ис, æвæццæгæн,— ахъуыды 1кодта йæхинымæр.— Нæ йьин сразы уыдзынæн. Мæди мæм театры цур æнхъæлмæ кæс- дзæн». Зури цыдæртæ адзырдта Хæ’чъайæн. Лæг разы ;кæ- ньшвæнд нæ уыд усимæ, фæлæ йын йæ цæстытæм куы фæкомкоммæ, уæд сдзырдта Муратмæ: — Фæлæуу уал ам, науæд та... кæд дæм хæрын цæуы, уæд уал уæхимæ ауай. Æрмæст дыууиссæдз минутмæ ам куыд уай, афтæ. Аст сахатмæ нæ иу ранмæ бауайын хъæуы. — Æз ам фæлæудзынæн! — мæстæй судзгæйæ сдзырд- та Мурат. Зури абон хуийджытæй куы æр^бацыд, уæдæй суанг изæрмæ йæ ног морæ тæбын къабайы йæхимæ ракæс-ба- кæс^ фæкодта -айдæнмæ. Айдæны пур цас фылдæр лæу- уыд, уыйас рæсугъддæр ;каст йæхимæ. «Ацы къабайы мæ феной хъуамæ аизæр. Уадз æмæ хæлæгæй искæйы зæр- 158
\ \ дæйы фиутæ тайой»,— дзырдта хинымæр Зури. Уыйохьм йæ зæрды æрæфтыди, торæтгæрои ын цы хæлар цæры, уьгмæ ацæуын. Иу мæйы размæ йын чызг райгуырд, æмæ йын Зури арфæтæ нæма ра’кодта. Ныр æм уьгй æфсси ауайæн ис. Ус йæхи дзæбæхгæнгæ м’ашинæйы цур,мæ бацыд, фæлæ шофырæн уьим йæ кой дæр нал уыд. 1955 аз НЫРЫ КИЛОЙЫ ТА МА ЦЫ ИС, ЦЫ Горæты хуосаргазроы, дыццæджы базармæ хæстаэг, Терчьибылы уынджы чвдæриддæр <ацыд, уыдонæй ахæм адæймат нæ уыд, æнæццæгæн, æмæ йæ цæст тигъæй аны- майгæйæ æртышаг хæдзарыл чи не ’рæвæрдта, уыцы бæстыхай кæй у, уымæ >чи нæ бахæлæг кодта. Хистæр фæлтæры адæмæй ма йын бирæтæ арфæтæ дæр кодтой сæхинымæр, ахæм хъару, ахæм домбайдзинад кæмæ ра- зынд, уыйхуызæн номхæссæны бæстыхай æга(с уынджы фидауцæн <ч,и æрæвæрдта, зæгъгæ. Æмæ, раст зæгъын хъæуы, канд уыцы уынджы нæ, фæлæ бирæ уынгты дæр зын с!сарæн уыдис уыйхуызæн бæстыхай. Раст мæсыджы хуызæн, дыууæуæладзытон хæдзар, æвзартæ агуририду- рæй амад. Иæ фаромæ, чысыл ныллæгдæр, уæрæх сара. Агъуыст æмæ сар,а машинæйы дурæй æмбæрзт. ’Сар^айы бын, еисæй хæдзары астæу, сырхауырст бæрзонд æфсæн кулдуар. АгъуьИсты рудзгуытæ дуæртты хуызæн стыртæ, Здцæг фæтæндæртæ. Кæртмæ цъ1иу батæхæн никуыцæй УЬ1Д- Хæдзары хицау Бызæ (Борик дæр æи хуыдтой, кæд сывæллон нал уыд, уæддæр) æм’бæрста, канд йæ сых1бæс- ты нæ, фæлæ йæ ’карæнтæй дæр бирæйы бон :кæй нæу ахæм царды нълан еæвæрын. Уæдæ йæ ус Мисурæт дæр (вдæм та йæ Шурæйæ ’зыдтой) къаддæр сæрыстыр нæ уыд сæ цардæй. Кæд æрмæст донуæйгæнæгæй ,куыста, 159
уæддæр йæхи афтæ дардта, цьгма æгас республикæйы уæлахиздзинæдтæ дæр уый ныфс, уый хъару æмæ зонды фæрцы уыдысты. \ Иочи-иу ын дæ зæрдæ-мæ зæрдæйæ хуымæтæджы загъд дæр >куы ’кодта хæлæягæнæгау, «дæ бонæй уай, Шурæ, дæ бонæй, цæй амондджын дæ», зæгъгæ, уæд-иу ьил уый йæхи цъиуджын кар’чы æндзæрст акодта: — Нæ, <мæ хур акæнаи, нæ, уæд Темырсолтанбог ным- мæлæд, кæд лæвар никуы ницы ис! Борик, мæгуырæг, уьь цы гæныстоны ’куыройы цалдæр азы йæ туг йæ хъæлæ- сæй куыд фæкалдта, афтæ æвдæр иокæйы бон нæ бауы- дацд. Уæдæ н.ыр дæр ацал-ауал азы базары йæ уыргтæ кæй хойы фыдуæйтæнæгæй, ууыл ничи ахъуыды кæны. Æрмæет мах бын бабырыдысты чидæртæ, æндæр сын ни- цуал (куыст .ие. Æниу дæ фæрсын, чи зоиы, æз-иу раисо- мæй бонсауизæрмæ бæгæны уæйгæнгæйæ боцкъайы цъи- рæныл цас схæц-æрхæц фæкодтон, уый? Мæ цæнгтæ æмæ-иу мæ астæуыстæгæй ’мæ бон иал уыдие. Ныр мьгн ацы фæстаг дыууæ азы фшцондæр донуæйгæнæгæй, фæ- лæ доны газ уадзын йæхæдæг дæр æнæхъæн хъуыддаг у. Æмæ дзы адæймаг æниу маетæй «кæй уыны, уый та! Чи дын зæгъдзæн: адджын дон нæу, >чи — газ дзы бнрæ ис, 'Ч’и та — дæ агуывзæ хорз æхоад нæу, æмæ адæйма- джы (Мастæй йæ дыууæ хъусмæ акæнынц. Уæдæмæ иу иннæйы фыдæбон нæ уыны, иæ... — Куагæ а|лчидæр кæны, бæргæ,— загътой-иу Миеу- рæтæн,— фæлæ... — Нæ, нæ, уад Темыреолтанбег цæра, алчи афтæ нæ куеы. Отæй дын рает куы зæгъсш,'—фæкодта-иу хирвæс- сан, сæрькстырхуызæй Мнсурæт,— уæд, бахатыр кæн, фæ- лæ кусгæ мæ цъæх хæрæг дæр кæны. Куыстæн сæр хъæ- уы. Сæрæй та Борик?.. Мах чи уарзы, уымæн дæр-иу ахæ^ еæр уæд! } Сæ хæетæджытæй, сæ зонтæтæй бирæ ахæм нæ уыд, æмæ Бызавйы ’чындзхаст, (чызгæрвыет ’кæнæ æндæр исты хъуыддаджы чи нæ бацатуырдтаид. Иуæй-иутæ ма еæ- 160
•хицæн стыр кадыл дæр нымадтой, Бызæ сын-иу къухыл- хæцæг кæнæ æмдзуарджын уæвыныл нуы дразы ис, уæд. Æмæ арæхсгæ та гсуыд кодта ахæм ран! Кусæртта<г зæ- гьай,. «къабайаг уа, цъьшдатæ, духи, къухæхсæн, фын- дзыкæлмæрзæнтæ... Иу æмæ йæм дыууæ адæймаджы нæ^ хæлæг ’кодтой. Бызæ æмæ Мисурæтьпл адæм æрмæст чындзæхсæвты æмæ чызгæрвыстыты не ’мбæлдысты. Уыдтой (сæ сæ куы- сты дæр, бирæтæ дзырдтой 1семæ хъа<згæйæ, худтысты сæм. Сахуырсын сты сæ митыл, сæ ныхæстыл... • Бызæ æмæ Мисурæтыл зтъордтой бонтæ Терчы до- нау хъæлдзæг, æнæмæтæй. Сæ иу дон уæй кодта, ил- нæ — дзидза. Иуахæмы та горæты рроопект адæмæй уыд йæ тæк- кæдзаг, ,кæд боны тæвд дыууадæс æмæ ссæдз градусмæ схызт, уæддæр. Зæрдæ агуырдта уазал дымгæйы уд- дзæф, æмæ алчи йæхи лаота бæлæсты бынмæ, хæдзæрт- ты аууæттæм. Бульвары тигъыл, стыр кæрз 1бæла1сы бын иу бур- хил хæмпусцæсгом æрьггон сылгоймаг, раст цььма а)вто- мат уыд, афтæ иу атуьгвзæ нннæйы фæстæ уагъта æмæ тагъд-тагъд æхца иста. Афтæ тагъд архайдта æмæ йыл цæет нæ /хæцыд. Агуьгвзæтæ дæр ма хæрзæнхъæвзт кæм кодта. — Шурæ, абон та дын .мæнæ — бон нæу,— сдзырдта йæм доннуазджытæй иу тæригъæдгæнæгау. — Хуыцауæй бузныг, нæ зæрдæ нæхиуыл дарæм, >ба- фæ|раздзыстæм та,— фæцырд Мисурæт, йе ’внæлд нæ фæсабырдæр .кодта, афтæмæй. — Мамæ, ’мæн адджын дон хъæуы, ай адджын нæу,— æрдæг агуывзæ йæ мадмæ бадаргæйæ сдзырдта чысыл саби. Мисурæт мадæй фæраздæр кодта йæхи, аокъæфта агуывзæ сабийы къухæй æмæ фæкодта: — Æри-ма йæ, мæ «къона, ардæм, æз ма дын дзы иу 161,
порци ныюкæнон юироп. Æниу ма ныр,ы сиропы цы ад ис, цы. Адæймаджы фыдножæнæн у, æндæр ницы. — Харз ус, афтид фынчытæй дын цы баиуазон? Дон рауадз -агуьгвзæйы,— одзырдта йæм иннæрдыгæй асго- мау бæрзонд нæлгоймаг бустæхуызæй æмæ йæм йæ .агуывзæ фæстæмæ бадардта. — Газ цас фылдæр уа доны, уыйас адæймагæн хæ- .лардæр у... — Уæллæ-гъи, хорз ус, дæ доны æгшындæр ад нæй, æркæ-ма дзы фæлтау иу æнæ сиропæй,— йæ агуывзæ ба- даргъгæнгæйæ сдзырдта иу ныллæггамау саухил лæг. — Уауу, æна, æнæ сиропæй та цæмæн? — амæ дæр та фæцырд Мисурæт.— Феннма йæ уæдæ дыууæ порци- имæ. Ахæм ныхæстимæ агуывзæ фæстæма* фæоагъта лæ- джы къухы. Уый дæр ницуал сдзырдта, банызта дон, ба- фьиста æхца æмæ араст йæ фæндаг.ыл маст зæрдæимæ, Мисурæты къæйных, æдзæсгомдзинадыл дисгæнгæйæ. Стыр базар. Дзидзайы павильон. Бирæ дзы ис дзи- дзауæйтæнджытæ. Уыдонæй фылдæр — æлхæнджытæ. Дзодгъо-молгъо кæнынц • адæм, алчидæр агуры, фыл- дæр ,цы уар-’зы, а’хæм дзидза: стуры фыд, хуыйы фыд, фысы фыд, маргъ... Фыдуæигæнджытæй чи лæууыд æ*мæ æнхъæлмæ каст, "æлхæнæг цавæр дзидзайы карст равзара, уьгмæ, чи æл- хæнæджы фæндонмæ гæогæ ’барста дзидза, ’чи та стыр, раст мæйы æрдæджы хуызæн фæрæтæй лыгтæ -кодта къуылдыхтæ. Фæлæ рахизфарсырдыгæй къуымы цы фыд- уæйгæнæг куыста, уый иннæты хуызæн нæ уыд йе ’внæлдмæ гæогæ. Бæзджын сау рихитæ. Сырхцъар иард цæсгом. Сау фæтæн æрфгуыты бынæй сæнтсау хъоппæг цæстытæ цæхæр калынц. Былтæ куы 1базмæлын кæны, уæд урс-урсид дæндæгты астæуæй æхсæнмæхсæнты сыз- гъæринтæ ферттивьшщ. Иннæ фыдуæйгæнджытæй уый раз адæм фылдæр ис. Уæвгæ, кæй уæй 1кæны, уьщы дзидза ницæмæй хуыздæр Л62
у иннæтæй. Фæлæ æлхæцджытæ уæддæр уырдæм цæуынн.. æмæ цæуынц. Уымæн æмæ уæйгæнæг кæны хъазæн ны- хæстæ: — Дзидзайы хуыздæр ис М’ахмæ, Хъары йæ !быцъынæг агмæ! Лывзæ, физонæг, фыдджинаг, Охх, охх, охх! Уыдонæй хуыздæр та Кæм ис хæринаг! — Кæй цас хъæуы?! Дзургæ кæнут, йæуæ! Гъæй, бай- таман, дзидза нæу, дзидза! Хорз æфсин цынæхуызсн хæ~ ринаг скæцдзæн ахæм фыдæй!.. — Борик, дыууæ æмæ æрдæг-æртæ 1килойы йæ дзæ- бæхæй,— сдзырдта йæм æлхæнджытæй иу. — Ис дыууæ æмæ æрдæг-æртæ! — фæкодта худæн- дзастæй Бызæ æмæ фæрæтæй атæхын ласта агъды фы- дæй иу къæртт. Барæнмæ йæ баппæрста, фелвæста йæ фæстæмæ æмæ йæ гæххæтты тухыныл фæцис. — Мæ лымæн, æртæ килограм^мы æмæ æрдæг! Иниæ! Цас? — Килограхммы æрдæг. Чысыл фылдæр куы уа, уæд- дæр ницы 1кæны,— адзырдта та иннæ æлхæнæг. — Ис æрдæг, кæнæ фылдæр! — фæрæтæй та æрдау- дта дзидзайы къуылдых æмæ дзы иу карст атæхьш кодта. Баппæрста та уый дæр ’барæнмæ, фелвæста йæ æмæ йæ «бадаргъ ’кодта æлхæнæгмæ. — Иу килограмм, нæ хо! Иннæ! — Мæ уд дæ фæхъхъау, дæ ньгвонд фæуон,— æф- сæрмхуызæй йæм сдзырдта зæронд ус,— иу кило мын дзæбæх дзидза сбар. Нæ чызг Мæскуыиæ йе ’мйал чыз- ошм.æ ссыд, æмæ сын, зæгъын, иу фыдджын скæнон... — Табуафси, нæ медыхай, табуафси. Иу фыдджын нæ, фæлæ ма дзы борщæн дæр .баззайдзæн. Мæскуы- йæгтæ борщ бирæ уарзынц. Фæрæтæй та æрдаудта Бызæ стуры агъды æрдæг уы- цы дзургæ-дзурын, фæлыг исодта иу карст æмæ йæ бап- 163:
пæрста барæнмæ. Афтæ тагъд æвнæлдта, æмæ-иу дзидза барæныл æрæвæрынæй йæ сисын фæраздæр. Зæронд ус уынгæ дæр нæ акодта, дзидза йын цас сбарста, уый. — Иу æмæ æрдæг, иæ мадыхай! — дзидза гæххæтты атыхта æмæ ма фæкодта: — Махæй дæр-иу салæмттæ раттут уæ чызджы æмбал мæскуыйагæн. Иннæ, цас?< Зæранд ус дзидза систа йæ къухмæ, схæстытæ йыл кодта барæгау æмæ лæгъстæгæиæгау бакодта: — Мæ уд дæ рынтæ ахæрæд æмæ 1кæй дæ, уый дæ хур- тæп бафсæдæд, цæй гыццыл мын радтай, цæй гыццыл, дзидза? Дзæбæх фыдджыны фаг мын -куы нæ суа? — Мачи дзы уа, уастæн, нæ мадыхай. Ныры килойæ та ма цы ис, цы!.. Цы къорд адæймаджы лæууыд дзидзамæ, уыдонæй пуæй-иутæ ныххудтысты Бызæйы иыхæстыл. Зæронд ус фефсæрмы. — О, о, дæ фæхъхъау фæуон, чи зоны,— фажодта ма къæмдзæстыгхуызæй .æмæ дуарырдæм йæ ных сарæзта. Афтæ худгæ æмæ хъазгæйæ куыста Бызæ дæр. Фæлæ иурайсом «Рæстдзинад»-ы фельетон куы бакаст, уæд хорзау иал уыд. Æгæр 1бщ>æ æцæгдзинад уыдис фелье- тоны. «Уагæры цавæр дæлимон у, утæппæт хъуыддæгтæ чи ^сбæлвырд кодта, уый? — хъуыды кодта Бызæ, фæяæ йæ зæрдæ и<омкоммæ никæмæ æхсайдта. «Чи у уыцы цъаммар тугæй æхсад, кæй зæрдæ нын :бакуымдта уыйбæрц фыдраконд, ^кæмæй цы дарæм?» — тлæстæй фыцгæ фарстой лæг æмæ ус сæ кæрæдзийы. Фырмæтæй сæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси, сæхицæн бы- нат нал ардтой. — Нæ, мæ мад, мæ фыдыстæн, нæ! А сау лæппу æх- еынæны зæнг нæу, асæттын æмæ къæхты бын бассæндын ^нæ ба’комдзæн!..— дзырдта Бызæ йæ риу хойгæйæ. — Йæ бындур йæ бындзарæй шыззилæд, мах ныхмæ ие ’взаг кæмæн стасыд, уымæн!—баппæрста Мисурæт йæ дзырд лæджы ныха’смæ. ^64
— Æмæ лкуыннæ! Афтæ æнхъæлынц, æз уæнтæхъил. æмæ сæргуьибырæй бараст уыдзынæн яхæстонмæ! — Иу-дыууæ æвда’катимæ баныхас кæн. Нæхионтæй дæ|р искæйты фан... — Иу-,дыууæ нæ, фæлæ фондз дæр. Тæрхоны лæгтæм дæр ссардзынæн фæндат,— затъта Бьгзæ æмæ ацыд. Уыцы æхсæв йонмæ горæты хуссаргæрсш, Дыццæджы базаф’мæ хæстæг, Терчькбылы уынджы, тигъæй анымай- гæйæ æртыккаг хæдзары дыккаг уæладзыджы кæройнаг уаты цырагъ æппындæр нæ ахуьюсыд. Мисурæт ’бадт, æнхъæлмæ ’каст Бызæшл æр[баздæхынмæ. Зæрдæйы сау катай цæстытæм не ’руагъта хуыссæджы цъыртт... Сæууои хуры тынты хъазт, бæлæсты сыфтæрты -су^ сæг сыбар-сыбур, зæрватыччыты зарын æмæ сырддон- цъиуты цъы’бар-цъьибур ’куы юхæццæ сты, уæд æрбаздæхт- Бызæ. Хуыссæг нал зынд иæ цæстытыл, уыдысты фæл- ладхуыз, æнкъард, м’идæгдæр 1бахаудьпсты. Сæ бынты фæзынд фыццаг æнцъылдтæ. Цæсгом иыффæлурс. Рихи- тæ дæр æрзæбултæ сты. Хуыздæр нæ уыд Мисурæты æн- гас дæр, фæлæ ма йæ риуы, арф кæмдæр цавæрдæр иыф- сы зынг юау æртхутæджы ^бынæй гæзæмæ ферттав-ферт- тив кодта. — Гъы, цы? — уыд йæ фыццат фарст Мисурæтæн5< Бызæ уатмæ куы бахьизт, уæд. — Мачиуал сæ уæд, уастæн. ’Раст цыма дзургæ ба- кодтой — иууышдæр иу уадындзæй уасынц. — Æ/мæ уæддæр куыд, цы? — Мæхæдæг дæр æй нæма зонын, кæугæ кæнон æви*- æрдиат. Иууылдæр мын счестнæй сты, Бызæ та — мæн- гард, давæт, стъитъæг. Мач.и юæ уа, уастæн... — Сæ ’быны |бындуртæ ныззилæнт сегасæн дæр! — йæхи та нал ’баурæдта ус. Чысыш фæсабырдæр æмæ ма æнцаддæр хъæлæсæй йæ ныхасыш бафтыдта: — Æниу ма ныры æвдажаттæй æвдакат ис, æздакат! Хъуыддаджы аразинаг куы ницы уа, уæд æй уыдон сараздзысты ар- 165.
мыдзаг æхцайыл. Фæлæ дзы исты ис, зæгъгæ, уæд сæ иу дæр йæ ныфс нал фæхæссы. Лæг æмæ ус катайы бацыдысты. Æппæтæй тынгдæр тарстысты ахæстонæй. Уымæ .гæсгæ-иу <æдде искæйы къæхты хъæ|р 1куы æрбайхъуыст, уæддæр-иу 1сæ зæрдæты гуыпп-гуыпп ссыд. Скатай сты, мæнæ гæды кæй хуьш- чъы был обады, ахæм мыстытау. Дыууæ ’боны фæотæдæр сæм сæ еыхæгты ус дуар ба- хоста. Бызæ æмæ Мисурæт хæрдмæ фæхаудтой. Лæг ру- дзы)нгæй хъавгæ ра’каст æмæ усы куы ауыдта, уæд йæ къух æрриуыгъта: — Æнæхайыр фæу, кæд ма дæу хъуаг нæ уыдыстæм! — Ныр ацы цардæй кæдмæ цазрдзыстæм, о хуы- цау! — ныккуыдта Мисурæт æмæ йæхи сынтæджы б&.п- пæрста. Афтæ йæм фæкаст, цыма сын юæ мæсыгау фидар хæ- дзар чидæр йæ бындзарæй ньизмæлын кодта, цыма æд къул, æд цар нышæлыны размæ йæ ’къæс-’къæс цыд... 1962 аз ЖАННÆ — «АРТИСТКÆ» Цынæ диссаг фехъусдзæн лæг. Æрæджы еæмбæлд- тæн !н.æ горæты юкъолатæй иуы кадджын изæры. Изæр арæзт æрцыд, окъола раздæр ’кает чи фæцис, уыдоны ка- дæн. Бирæ йæм æрæм’бырд адæм. Уыдонимæ уыд ,инæ- лар, Советон Цæдисы Хъæбатыр, дыууæ профеосоры, иу адæмон артист, инженертæ, дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, хъæууон хæдзарады куаджытæ... Кадджын ,æм1бырды бирæ зæрдæбын ныхæстæ æмæ арфæтæ уыд. Уыдие дзы номыссарæн лæ;вæрттæ дæр. Изæры фыцца.г хай ацыдис иттæг хсрз. Уыйфæстæ рай- дыдта скъолайы хæдахуыр артисгты концерт. Зард, 1кафт, аив ныхас æмæ хъæлдзæг музыкалон уацмыстæй изæр Л66
уыдис æххæст. Концерты архайджытæн кæд сæ фылдæрг абоны ахуырдзаутæ уыдысты, уæддæр хорз арæхстьь сты. Фæлæ уæддæр мæ зæрдæмæ цæмæндæр æппæты тынгдæр фæцыд конферансьейы ярæхстджын архайд. Уый уыд 1бæрзонд, тымбылдзæогом саухил, фæтæнæрфыг, хъоппæгцæст æрыгон сылгоймаг. Йæ худæндзаст ныхяс æмæ иæ фæтæн, фæлæ растæвæрд урс-урсид дæндæгтæ цыдæр æнахуыр аив кастысты адæймагмæ. Дзургæ-дзу- рын-иу куы бахудт, уæд-иу йæ ахуырстхуыз уадултыл сау стъæлфытау чысыл дзыхъхъытæ фæзынд» цæстыты цæхæр-иу ноджы тынгдæр ссыгъд, йæ уанæбæрæг риутæ-иу дымсæгау аисты, æмæ-иу уæд адæймаджы зæрдæйы бынтон иннæрдæм хъардта йæ алы ныхас æмæ фезмæлд дæр. Æмæ йæ хъæлæс та?.. Булæмæргъ уыд æмæ булæмæргъ. Иуафон мæхи нал 1баурæдтои æмæ мæ фарсмæ мæ фысымы, изæрмæ мæ чи ’рбахуыдта, уый афарстон: — Таймураз, дæ хорзæхæй, уæ ’конферансье уæхи ахуыргæнджытæй у, æви артисткæ æрбахуыдтат? Уый цыдæр хинæйдзаг худт (бакодта, ныккаст мæм , комкохммæ, стæй *къахæгау сдзырдта: — Æмæ дæуæн та цы уæлдай у, чифæнды уæд, æр-. мæст а^рæхсгæ кæнæд. Æви?.. Æз фем’бæрстон, Тайм-уразы æлхыскъ ныхас цы амыдта уый, æмæ йæм фæрæвдз дæн: — Гъе, мæ хæлар, галиу хъуыдытæ дæм ма уæд. Куы мæ зоныс уый тыххæй. Раст фæлтæрдджын артисткæйы хуызæн арæхстджын у, æмæ дæ уымæн ’афарстсн. — Хорз, хорз, хъазгæ кодтои,— зæгъгæ, мæм æрба- дзырдта, йæхæдæг та сценæмæ кæсыныл фæци. Дард- дæр мæ -каст кодтон оценæмæ æз дæр. Дыууæ-æртæ ми- нуты бæрц мæм ницыуал сдзырдта Таймураз, стæй сьгн- дæггай, куыд никæй хъыгдарæм, афтæмæй райдыдта:. — Уый нæхи ахуыргæнджытæй у. Райдиан кълæсты кусы. Беройты Хъазиханы чызг За-лдуз. Мах æй хонæм Жаннæ. Афтæ йæ фæнды. 167"
— Æмæ моимæдзыд нæма у? — сирвæзт та мæнæй, яæ зонын, цæмæн, — Моймæдзыд нæ, фæлæ ма йын ис ’чызг æмæ лæл- пу дæр. Йæ лæг Челемет та историйы ахуыртæнæг у. — Цæй, цæмæн мæ хъæуы йæ биотрафи,— нал суагъ- тон дзурын Таймуразы.— Чифæнды уæд йæ ,мой, мæнæн та ’цы уæлдай у? — затътон ма æз, фæлæ мын йæ «мой- мæдзыд у»-йы хабар хъыгад фегуырын кодта мæ зæр- дæйы. — Йæ ’биотрафи дæ нæ ^хъæуы, уый зонын мæхæдæг дæр. Æз афтæ æнæуи загътон, Жаннæ чи у, уый, — ба- кодта йæхи растгæнæпау Таймураз, стæй йæ ныхасыхъæд фецдæрхуызон кæнгæйæ бафтыдта: •— Раст æй ныртæккæ сценæйы куыд уыныс, царды дæр афтæ у. йæ цæст ницæуыл ньжъулы. Алцæмæ дæр тынг ’арæхстджын у. Доны бын ’куы фæуа, уæддæр дзы хусæй рагæлп (кæндзæн... Дыууæ цæсты астæуæй фындз фелвасдзæн, нæ йæ1бам|б|ардзынæ, афтæмæй. Мæимæ концертмæ кæсын цыд, фæлæ мæ Жаннæйы тыххæй ныхасмæ хъусын дæ^р фæндыд. Æцæг цæмæн, уый мæхæдæг дæр не Чибæрстон æмæ хъуыстон цымы- дисæй Таймуразмæ. Уый иуцъувдуг фæсабыр йæ ныхасæй, стæй та рай- дыдта, цыма цæуыл ахъуыды кодта, уый йæ айрох, стæй сонтæй йæ зæрдьм æрбалæууыд. — Бирæ нæма кусы,— дзырдта Таймураз,— уыныс æй дæхæдæг, æрыгон у нырма. Фæлæ йæхицæн сгуыхт ахуыргæнæджы ном (æрдомдта ныридæгæн. — Уый та (куыд? —’афарстон Таймуразы. Диссаг мæм фæкаст. — Æрæджы министрмæ балæбурдта æмæ йын йе стъол тымбылкъухæй æрхоста: — Ам ме знаг ч,и у, уый м,ын зæгъут! Министр æм дисгæнтæ^бакаст æмæ йæ афарста: — Уый та цы хоныс? — Мæнæн ам сгуыхт .ахуыргæпæджы ном дæттьгн чи 163
нæ уадзы? Æз æрмæстдæр уый фенынмæ æрбацыдтæн... — Фæлæуу, фæлæуу, уыцы хабар ма æрыхъуыстон,— фæурæдтон Таимуразы. — Гъемæ дæ хъуыддаг раст. Нал дын æй дзурын уæдæ. — Æмæ уæддæр цæуыл ахицæн хъуыддаг? — афарс- тон та йæ æз. — Цæуыл, цæ, алывыд ын акалдта министр æмæ йæ фатардта йæ кабинатæй. — Тынг раст ын бакодта. — Æмæ уый цы у,— за1гъта та Таймураз.— Хæрзæм- бисонд йæ ф<ароны хабæрттæ юты. Æнæхъæн скъолайы ахуыргæнджыты æнæ газеттæ æмæ журналтæй ныууагъ- та. — Уый та ’куыд? «Цæдисмыхуыры» дæр кусы? •— нæ йæ гбамбæратон. — Никуы ’кусы акъолайы йедтæмæ, фæлæ хъус. Скъолайы разамъинд ын фарон ’бахæс кодта, цæмæй нæ ахуыргæнджытæн рафыстаид газеттæ æмæ журналтæ ацы азæн. Уый нæ ’алкæй дæр бафарста, кæй цавæр га- зеттæ æмæ журналтæ хъæуы, уымæй, æм>æ сарæзта ном- хыгъд. Уыйфæстæ æхца рай’ста алкæмæй дæр. Æмæ ууьм йæхицæн ныхъхъус. Уалынмæ ралæууыд нот <аз, фæлæ нæ ахуыргæнджытæй нæ газет исчи иста, нæ — журнал. Уæд чидæртæ бацыдысты «Цæдиамыхуыры» агентадмæ, цæуыннæ исæм нæ газеттæ, зæгъгæ. Фæлæ сын уым загъ- той: «Уæ квнтанцитæ рахæссут, æнæ уыдон уæ хъаст равзарын нæ 1бон нæу». Махонтæ цы бахастанккой? — ницы сæм уыд. Æмæ та иубон загътой Жаннæйæн: «Нæ 1азеттæ абон дæр нæ исæм, цæй тыххæй, нæ зонæм. Ратт нын нæ квитанцитæ. Æнæ уыдон нын нæ хъастмæ нши хъусы». «Æмæ æнæфенд ’м.итæ цыкæнут?! Чи уæ хъастгæнæг кæны?! Цæуыл уæхи худинаг кæнут?! Газет дыууæ ка- печчы йедтæмæ у? Уыдон <кой дæр (кæнут...» Ахæм ныхæстæ сын акодта, йæхæдæг тæргайхуызæй 169
дуары æдде ф-æци, адæмы йæ фæдыл кæсгæ ныууагъта, афтæмæй. Афтæ цыдысты бонтæ, уæдæ ны уыдаид, фæлæ нæ адæмæй газет уæддæр ничи иста. Иубон куы уыд, уæд æй ахуыргæнджытæ къуьгмы бакодтой директоры каби- неты: «Æри нын нæ -кзвитанщитæ, 1кæнæ та нын фæстæ^мæ ратт не ’хца». Жаннæ та ацы хат’т дæр хъазынмæ аздахынмæ хъа- выд хъуыддаг, фæлæ йæ æгæр-æгæр куы баййардтой, «кæнæ нæ квитанцитæ, <кæнæ не ’хца», зæгъгæ, уæд сæм уьгй цæхгæр ныхмæ фæлæууыд, йæхи фæпыадыл кодта цъиуджын кар1кау, æмæ м\а ды дæр уым куы фæцадаис. — 0'м.а куыд? — афарстои æй æз. <чУæ хорзæхæй,—фæтъæлланг сыл ласта Жакнæ,— цæрын мæ нал ныууадздзыстут иу ран, цы мæ «баййард- тат?! Лидзгæ уын ’кæнын искуыдæм?! Æниу <цыма уæ фыдæлтæ дæр, тазет жæй нæ кастысты, уыйфыдæй фæ- цыдысты мæрдтæм? Æ’мæ сьимах дæр уымæй тæрсут? Ахæм назеткæсæгæй уæ куы никæй зонын, уæд цысбæл- , лæх стут ныр,— тынгæй-тынгдæр (кодта йæ ныхас Жан- нæ, директорырдæм-иу бакаст, афтæмæй.— Æниу съша-х адæмы нывæн куы уаиккат, уэвд æмбæлттæ афтæ дæр фæзæгъынц, кæд дæ, Залдуз Хъазихановнæ, уыцы капеч- чытæ исты удхосæн бахъуыдысты. Цы нæ вæййы царды, кæд истæмæй фæты:хстæ æмæ йæ æфсæрмæй не схъæр кодтай махæн, зæгъгæ. Сымах та мæ хурхы нарæджы бакодтат, ауындзыныл 1мæ ныллæууыдыстут уе ’нæхайы- ры капеч’чыты тыххæй. Æ’мбæлттæ ма дзы цы вæййы хуыздæр! Æз та ’ма сын ме ’дьилы сæрæй кæстæриуджы- тæ !кодтон, уадз æмæ, зæгъын, алчидæр .газет кæса æмæ, дунейы цы хабæрттæ цæуы, уыдон зона, æмбара адæмы хъæр. Æниу м<а ныры адæм-æн дзæбæхдзинад бæсты цæуы!.. Челеметæн, бахатыр кæнут, фæлæ куыдз цы атыд- таид, уый нал уыд йæ уæлæ... Æмæ иубон хорз Ъалто уæййаг федтон дуканийы... Сантæй мæм бæгуыдæр мæ зæрдæ сдзырдта, Дженалдыхъойы фырт, зæгъын, кæ- 170
мæи цауддæр у йе 'м(бал ахуыргæнджытæй? Æгуыдзæг- дæрæй цæмæ гæогæ хъуамæ цæуа? Нæхимæ æхца нæ уыд, уымæ гæагæ уыцы палто уæ газстты 1капе14'чытæй балхæдтон. Хуыцау хюр:з, æмæ йыл бамбæлдтæн... Га- зеттæ рафыссæн, зæгъын, кæддæриддæр уыдзæн, хорз палтотæ уæййаг та æдзух нæ вæййы. Ма тæрсут, мæ удæ- га!сæй æз м>æхиуыл хæс нæ ныууадздзынæн, бафиддзы- нæн уын уе ’хца... Ау, Хъазихаиы чызг нæ дæн...» — Гъе, афтæ,— дзырдта дарддæр Таймураз,— йе 'м1бæлттæй хатыр ракурыны (бæс’ты ма сын сæхи фæкод- та зылынджын, æмæ сæ цавддуртау лæугæ фæуагьта, йæхæдæг та дуары ’æдде фæцис. Уыйфæстæ, (кæй зæгъын æй хъæуы, Жаннæмæ сыбыртт дæр ничиуал скодта. Р«а- фыста алчидæр йæхæдæг, цы иæ хъуыд, уый... Ахæм у Жаннæ, царды дæр, сценæйы дæр — «артисткæ». Хъуыд- даг, куыд æй бафæнда, афтæ саряздзæн, æнæ цæст фæ- ныкъулгæ, йæхирдыгонау æй æндæр джиппы ауадз- дзæн,— загъта ма йæ ныхасы кæрон Таймураз. Мæнмæ худын дæр цыд Жаннæйы митыл, хъыг дæр мын уыдысты. Куыддæр мæ зæрдæйы хъæлдзæгдзинад фæтар, нал мæ фæндыд Жаннæмæ кæсын æмæ хъусын, кæд æм рапдианы ’кæоын æмæ хъусынæй не ’фсæетæн, уаддæр. (Куыд никæй бахъывдарæм, афтæ сындæггай сыста- дыстæм Таймуразимæ æмæ р-ацыдыстæм жæртмæ — сыгьдæг уæлдæфмæ...
СÆРГÆНДТÆ Хадизæты амонд (уацау) Мады рæдыд (уацау) Сæфт хъæбул (радзырд) Хъаллæйы куырм фырт (радзырд) Габийы дыргъдон (радзырд) Æхсызгон фембæлд (радзырд) Зурийы машинæ (радзырд) Ныры килойы та ма цы ис, цы (радзырд) Жаннæ — артнсткæ (радзырд) Бечирбек Дзарахович Фарниев СЧАСТЬЕ ХАДИЗАТ Повести и рассказы Редактор И. Р. Цомартов Художник В. В. Тавасиев Художественный редактор У. К- К а н у к о в Технический редактор 3. С. Мисикова Корректор И. X. Джанаева ИБ № 747 Сдано в набор 12.01.82. Подписано к печати 04.03.82. ЕИ 00370. Формат бумаги 70х1081/32. Бум. тип. № 2. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л.7,52. Учетно-изд. лнстов 8,10. Тираж 2000 экз. Заказ № 9793. Цена 60 коп. Издательство «Ир» Государственного комитета Северо-Осетинской А С С Р по делам издательств, полиграфим и книжной торговли, 362040, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Государственного комитета Северо-Осетинской А С С Р по делам издательств, полиграфии и книжной торговли, 362011, г. Орджони- кидзе, ул. Тельмана, 16. 172 3 86 132 133 145 149 155 159 166