Text
                    А. ПАНТЕЛЕЕВ
РАДЗЫРД СЫВÆЛЛÆТТÆН
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РДУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1962


Р2 П16 Алексей Иванович Пантелеев хъæбатырдзинады тыххæй сывæллæттæн ныффыста бнрæ радзырдтæ. Æмæ уыцы радзырдтæн сæ фыццаг уыд «Пакет» Радзырды ныхас цæуы граждайнаг хæстыл, сырхытæ урсгвардионтимæ куыд тох кодтой, ууыл. Æрыгон сырхгвардион Петя Трофимовæн бахæс кодтой бæрнон хъуыддаг: сусæг пакет æмбал Будённыйыл сæмбæлын кæнын. Чиныг бакæсгæйæ базондзыстут, æрыгон будёновец цы зын уавæрты бахаудта æмæ цы сгуыхтдзинад равдыста, уыдæттæ. А. И. ПАНТЕЛЕЕВ ПАКЕТ Перевод на осетинский язык //. К. Мамиевой Северо- Осетинское книжное издательство Орджоникидзе * 1962
/V /л I æхицæ^ Уын даемæй раппæлон, ахæмæй ницы равдыстон, II у/\ [ мæ зынаргъ хæлæрттæ. Мæ цард уыди хуымæтæг. \С\/ I I Гыццыл лæппуйæ уыдтæн фиййау, хызтон помещик II \г Ландышевы фæсарæйнаг фыстæ. Стæй бацыдтæн пълот- I' ничы куыстмæ горæт Николаевы. Уый фæстæ мæ акод- той флотмæ. Службæ кодтон, йæ ном «Дыууадæс апостолы» кæмæн хуынди, уыцы науы. Уалынмæ ралæууыд революци. Стæй та хæцынмæ ацыдтæн. Хæсты фæстæ мæ ахуыр кодтой кæсын, фыссын æмæ ны- майыныл. Ныртæккæ дæн Будённыйы номыл фосдарæн совхозы хицау. Уыцы совхозы хицауæй цæмæн кусын, уый фæстæдæр бамбардзыстут. Ныр та уал уын мæ зæрды ис мæ хæстон цардæй иучысыл хабар ракæнын. Уый уыди граждайнаг хæсты рæстæджы. Æз уыдтæн Будённыйы бæхджын æфсады, æмбал Заварухины сæрмагонд отряды. Уæд мыл би- рæ нæма цыд, æгасæй цыппар æмæ ссæдз азы. Нæ дивизи лæууыди Тыри, зæгъгæ, иугыццыл хъæуы. 3
Нæ уавæр æвзæр уыд: галиуырдыгæй нæм Шкуро бырста, рахизы- рдыгæй — Мамонтов, разæй та инæлар Улагай лæбурдта. Не ’фсад цыдис фæстæрдæм. Хъуыды ма йæ кæнын, уæд дыууæ боны нæ бафынæй дæн. Мæ га- лиу къахы мазолтæ м^е акъахдзæф кæнын нал уагътой. Уæд ма мæ дыу- уæ къахы дæр æнæхъæн уыдысты. Абоны хуызæн мæ зæрдыл лæууы: иу хæдзары раз бандоныл æр- бадтæн æмæ мæ галиу къахæй цырыхъхъ ласын. Ахæц-ахæц ыл кæнын. «Ныр ма куыд ацæудзынæн ацы тæппæлттимæ», — сагъæс кæнын мæхи- нымæр. Куыддæр афтæ ахъуыды кодтон æмæ мæ цырыхъхъ раластон, афтæ мæм не штабæй лæг æрбахæццæ. — Трофимов, тагъддæрМЛтабмæ! — лæф-лæфгæнгæ дзырдта уый.- Æмбал Заварухин дæм дзуры. — Хъусын! — загътон æз. Куыддæр æгъдæуттæй мæ партянкæ фæстæмæ стыхтон, мæ цы- рыхъхъ скодтон æмæ мæ иу къахыл штабмæ фæцæуын. «Ай мардæрцыд нæу, — хъуыды кæнын мæхинымæр, мæ къæхтæ мæхицæй нал сты, уæддæр, дам, гыццыл лæппуйау згъор». Æрбацыдтæн штабмæ. Салам радтон комиссарæн æмæ йæ фæрсын: — Цæмæн мæм дзырдтай? Заварухин бадти рудзынджы дæлвæйнæгыл æмæ йæ хæдоны цæп- пæртыл йе ’нгуылдзтæ радав-бадав кодта. Истæуыл-иу куы тыхсти, уæд кæддæриддæр йе ’гънæджытæ нымадта, йæ нервытæ сæ бынаты нал уыдысты. Заварухин Донецкы шахтёртæй уыд. — Сбад, Трофимов, — загъта комиссар. — Хъусын! Æз сбадтæн. Бадын æмæ мæ къах радав-бадав кæнын. Заварухин йæ бынатæй фестад, йе ’гънæгмæ февнæлдта æмæ загъта: — Цыбырныхасæй дæм æз фæдзырдтон стыр хъуыддаджы тыххæй. Дзырд мын ратт, куы бахъæуа, уæд революцийы сæрыл дæ цард дæр кæй ауæлдай кæндзынæ. Æз мæ бынатæй сыстадтæн. Мæ цæстытæ бацъынд кодтон. — Бæгуыдæр, зæгъын, ратдзынæн. — Уæдæ цæттæ дæ? — фæрсы та мæ ногæй. Æмæ куыд æнхъæлут? Мæхи фесхъæл кодтон, мæ цырыхъхъыты зæ- вæттæ кæрæдзиуыл бакъуырдтон æмæ, мæ цæст дæр нæ фæныкъуылд- тон, афтæмæй дзуапп радтон: — Æнæмæнг афтæ! Цæттæ дæн! Хъусын дæм! — Уæдæ хорз, — æмæ комиссар лагъзæй систа пакет. Уый уыди дынджыр къонверт, дыууæ бецъеби мыхуыры йыл. — Бæхыл абад æмæ Луганскмæ уайгæ, бæхджын æфсады штабмæ. Мæнæ ацы пакет æмбал Будённыйæн йæхи къухтæм ратт. — Хъусын дæм! Ратдзынæн! йæхи къухтæм! — Фæлæ зон, Трофимов, нæ уавæр иуыл хæрзтæй нæу, æвзæр у нæ хъуыддаг... Галиуырдыгæй нæм Шкуро лæбуры, рахизырдыгæй — Ма- 4
монтов, разæй та нæм Улагай æфсæры. Тæссаг хъуыддаг дын кæнын дæ бæрны. Мæлæтмæ дæ æрвитын, уый зон. — Цы гæнæн ис. Сæххæст кæндзынæн дæ фæдзæхст! Разы дæн... — Чи зоны, æмæ дыл урсгвардионты нæмыг сæмбæла, кæнæ удæга- сæй сæ къухмæ бахауай. Пакет дæ рох ма уæд. Ахсджиаг хæстон хъу- сынгæнинаг дзы ис. — Æмбарын! Ницыхуызы йæ ратдзынæн, фæлтау пакетимæ мæхи дæр басудздзынæн. — Гæнæн куынæуал уа, уæд-иу æй исты фæкæн, йæ фæд ын куыд нæ ссарой, афтæ. Æмæ кæд Луганскмæ бахæццæ уай, уæд, пакеты цы хъусынгæнинаг ис, уый дæхи ныхæстæй цыбырæй радзур: галиуырды- гæй, зæгъ, Шкуро лæбуры, рахизырдыгæй — Мамонтов, разæй та, зæгъ, Улагай бырсы. Гъемæ, зæгъ, Улагайы фæстæрдыгæй ныццæвын хъæуы, цыфæндыйæ дæр центр хъахъхъæд куыд æрцæуа æмæ хъазахъхъы æф- сады хицæн хæйттæ куыд нæ баиу уон, афтæ. Нæ дивизийы, зæгь, ис уал æмæ уал хæстоны. Знагмæ та — дыууæ хатты фылдæр. Æххуыс, зæгъ, тынг тагъд куы нæ рарвитат, уæд сæфæм. — Бамбæрстон, раст сты дæ ныхæстæ. Æри пакет, æмбал... Райстон пакет, асгæрстытæ йæ кодтон, мæ хæдоны æгънæджытæ рафтыдтон æмæ йæ мидæгæй мæ ронбасты нытътъыстон. — Хæрзбон, комиссар! — Фæндараст, Трофимов. Фæстæмæ сæрæгасæй æрбаздæх. Æз тыргъмæ разгъордтон. Мæ цæстытæ ацъынд кодтон. Мæ зæвæ- тæй пъол æрхостон. «Ехх, мæ мазол мæ цæуын куы бауадзид, æнæрай фæуа, уæд бæр- гæ!»... — дзурын мæхицæн æмæ сæрвæтмæ азгъордтон. Нæ бæхтæ уым уыдысты, сæхицæн кæрдæгыл дзæбæх хызтысты. Мæхицæн бæхты хуыздæр Негры равзæрстон. Уын тынг хорз бæх уыди — австриаг. йæ саргъ ын адзæбæхтæ кодтон, абадтæн ыл, мæ къæхтæй йæ фесхуыстон æмæ мæхи фæгуыбыр кодтон. Бæх фатау атахт. Тындзæм размæ соса фæндагыл сусхъæд бæлæсты бынты. Бæлæсты сыф-сыф цæуы, хъустæ гуыв-гуыв кæнынц. Минутмæ версты бæрц уа- йæм. Мæ бæх худы, футтытæ кæны, йæ сæр тилы... Ницæмæй тæрсæм! Хъæдын хидыл ауадыстæм... Сыгъд хъæуырдæм фæзылдыстæм... Хъæд-хъæд уайæм... Бæстæ у талынг. Уымæл. Æз мæ сæр сдар-сдар кæнын, арвыл хур агурын: хурмæ гæсгæ фæндаг æнцондæр арæн у. Мæ сæр куы сдарын, уæд та мын бæласы къалиутæ мæ цæсгом хойын райдайынц. Æз дæр та мæхи фæгуыбыр кæнын, Негры барцмæ мæ бирæ нал фæхъæуы. Уалынмæ хъæд фæци. Кæсын, æмæ мæ размæ цавæрдæр цæугæдон. Æнæрай фæуай! Гъеуый дын æнæнхъæлæджы хъуыддаг, гъе! Цавæр дон уа цымæ? Былгæрæтты рахизырдæм фæцагайдтон, мæ мæгуырзæрдæйæ, хид агурын. Фæлæ цæй хид æмæ цæй æндæр! Фæстæмæ фездæхтæн æмæ га- лиуырдæм аскъæрдтон. Уым дæр та хид нæ. 5
Афтæмæй дон уæрæх, змæст. Фæстæдæр æй базыдтон, уый цæугæ- дон Донец уыди. — Гъер ай замана нæу! Цæй, зæгъын, Негр, бафæлвар, доны ба- лæгæрд. Сындæггай къардиуæй дæлæмæ æрхызтæн æмæ бæхы донырдæм сарæзтон. Негр донмæ хæстæг бацыди. — Ну-а-а! — зæгъгæ, бæхы чысыл фæцагайдтон, æмæ йын йæ рох- тыл æрбахæцыдтæн. Негр йæ бынатæй нæ фезмæлыд. — Ну-а-а, æдылы къоппа! Донæй фæтарстæ? Бæх æнцад йæ бынаты лæууы æмæ йæ тæнтæй улæфы. йæ хъустæ тилы. — Цæй-ма, æцæгæй нæ уæндыс æви! — дзурын та Негрмæ. Рамæсты йæм дæн, йæ фæрстæ йын мæ къæхтæй нытътъæпп ластон æмæ йыл фехситт кодтон: — Гъæй кæн размæ!.. Негр йæ фæстæгтыл алæууыд. Донмæ йæхи фехста. йæ тæккæ арфы смидæг. Мæхæдæг дæр æй нæ базыдтон, мæ къæхтæ æгъдæнцæйттæй куыд феуæгъд сты, уый. Донæй мæ сæр куы сдардтон, уæд кæсын, æмæ бæх нал. Чысыл фалдæр доны бынæй уæлæмæ урс цæппузыртæ уайы. Охх, куыд фæтæригъæд кодтон мæ бæхæн!.. Иу-фынддæс минуты бæрц уыцы бынаты алыварс фæраленк-баленк кодтон. Æнхъæлмæ кастæн, кæд ма Негр раленк кæнид, зæгъгæ. Фæлæ бæх нал разынд, фæдæлдон ис. Æмæ уæд гыццыл лæппуйау сфутт-футт кодтон, афтæмæй фаллаг фарсмæ мæ ных сарæзтон. Былмæ рахызтæн мæ дон мизгæ. Мæ худ цыдæр фæци, мæ цырыхъ- хъытæ ныддымстысты. Ахæм фæлмæн цырыхъхъыты мын цæуын æн- цондæр уыд. Араст дæн. Фæцæуын къахвæндагыл. Хур мын мæ галиу æхсæр- фарс тавы. Уæдæ уæд Луганск рахизырдæмдæр ис, мæ фындзырдыгæй. Мæ ных рахизырдæм сарæзтон. Мæ дзаумæттæ чысылгай хус кæнын райдыдтой. Мæ цырыхъхъытæ дæр къаддæрæй-къаддæр кæнынц, мæ къæхтæ мын æлвасын райдыдтой. Уалынмæ дын кæцæйдæр фæзынд иу лæг. Хæстон дарæсы нæ, фæлæ хуымæтæг музуккаг дзаумæтты. Цыдæр æнахуыр лæг. — Дæ бон, дам, хорз, пан салдат, — дзуры мæм уый, йæхæдæг худы. — Цæуыл худыс? Куыддæр дзы фæтæрсæгау кодтон. Æмæ куыннæ! Куывды, миййаг, нæ бадтæн, фронты уыдтæн. Уый мын дзуапп радта: — Æз, пан салдат, ууыл худын, æмæ сымах тынг хæларзæрдæ стут. — Уый, зæгъын, куыд æмбаргæ у? Чи дæ ды? 6
— Æз адæймаг уыдтæн, ныр та дæн æнæхæдзар куыдз. Кæд мыл къæдзил нæй, уæддæр куыдз дæн. — Ныууадз-ма, зæгъын, дæ дæлгоммæ ныхæстæ. Æргомдæр дзур. Уый уæддæр худы. — Сымах мын мæ усы амардтат, æз та уын ныртæккæ уæ хъахъ- хъæнæджы дурæй фæкуырис кодтон. — Цавæр хъахъхъæнæджы? Æз мæ дамбацамæ февнæлдтон. Уæд æнахуыр лæг йæ хъуырмæ фæлæбурдта, йæ хæдоны риу æрыскъуыдта æмæ уыциу хъæр нылласта: — Фехс мæ, фехс мæ, Мамонтовы фæдон!.. Æз уæд хъуыддаг фембæрстон: мæ худ мæ уæлæ нæ уыди, ме стъалы нæ зынди, æмæ мæ уый дæр, æвæццæгæн, урс бандит фенхъæлд- та. Мамонтовы хъазахъхъæгтæй. — Чи дын амардта дæ усы? Дзургæ кæн!.. — Сымах, дам, сымах, зæрдæхæлар пантæ. Мæ хæдзар дæр мын басыгътат. Мæ зæронд усы дæр мын джебогъæй ныххуынчъытæ кодтат. Бузныг уын... Æмæ дын æвиппайды йæ зонгуытыл куы æрхауид æмæ куы скæуид. «Ацы æррамæ мæ цы хуыцау æрбахаста, — хъуыды кæнын мæхи- нымæр. — Ныр ын цы бачындæуа?» — Уæлæмæ, зæгъын, сыст, мæгуыр лæг. Цæугæ дæ фæндагыл! Рæ- дигæ фæкодтай: æз, зæгъын, урсытæй нæ дæн, æз сырхытæй дæн. Уый сыстади æмæ мæм кæсы. Ахæм цæстытæй мæм ныккаст, æмæ мæ цæрæнбонты дæр нæ ферох уыдзысты. Стыр, æнкъард цæстытæ. Куыдзæн ма вæййы ахæм æнкъард цæстытæ. — Цæугæ, зæгъын, дæ хорзæхæй. Уый уæддæр æнцад кæсы. — Цу, гыццыл фалдæр ауай. Мæхицæн дзы старстæн. Мæ къухы дамбаца, æхсæз гилдзы дзы, фæлæ уæддæр тарстæн. Лæг уымæй уæлдай куы ницы дзырдта, уæд æз дæр къахвæндагæй иуварс фæзылдтæн æмæ сындæггай йæ цурты фæраст дæн. Мæ цыды кой кæнын. Æмæ та, зонут, мæ мазол риссын байдыдта. Цалынмæ уыцы æрраимæ лæууыдтæн, уæдмæ мæ цырыхъхъытæ бынтондæр ныххус сты æмæ мын мæ къæхтæ æрбалвæстой. Мæ мазол афтæ тынг срыстис, æмæ дзы мæ уд сцæйхауди. Фæлæ уæддæр цæуын. Уалынмæ мæ фæстæ къæхты хъæр айхъуыстон. Фæкастæн, æмæ дын уæртæ уыцы æрра хъæргæнгæ æрбазгъоры, æрбаййафы мæ. Охх, куыд фæтарстæн, уый куы зониккат! Размæ азгъордтон, фæлæ мæ згъорæн нæ уыд. Æрлæууыдтæн. Дамбаца йæм фæдардтон, фехсон, зæгъгæ, фæлæ не ’схæцыд. Доны куы ныххаудтæн, уæд мæ гилдзытæ ныххуылыдз сты. Æрра лæг æрлæууыд æмæ хъæр кæны: — Пан æмбал! Уыцы ингæны цурмæ ма цу. Ингæны фале дæ мæ- лæт ссардзынæ. 7
Нæ йæ бамбæрстон, цавæр ингæны кой кодта, уый. Дæумæ, зæгъын, хъусдзынæн, куыннæ, æмæ дарддæр фæцæуын. Æз уæд нæма зыдтон, уым алы къуыбыр дæр ингæн кæй хуыдтой, уый. Къуыбырыл фæхæрд кодтон. Кæсын, æмæ къуыбырæй мæ размæ бæхджынтæ æрцæуынц. Уайтагъддæр базыдтон, чи сты, уый. Сæ пъагæттæ хурмæ æрттывд- тытæ калдтой. Сæ сæртыл — бухайраг худтæ. Сæ фæрстыл — хъазахъ- хъаг æхсаргæрдтæ. Ноджы сæм арцытæ... Æз, кæд мæ мазолтæй мардтæн, уæддæр лидзынмæ фæдæн. Къудзи- тæм балыгътæн, мæ дамбаца иуварс фехстон. Мæ роны мæ къух фæ- цавтон, Будённыймæ цы сусæг пакет хастон, уый асгарон, зæгъгæ. Фæлæ... Диссæгтæ! Пакет уым нал уыд. Мæ гуыбыныл æй агурын. Гуыбын йæ бынаты, фæлæ пакет уым нæй. Фесæфти. «Уæуу мæнæ бæллæх! Пакет цыдæр фæци!» Ныр къуыбырæй бæхты сæпп-сæпп цæуы, хъазахъхъæгты хъæртæ дзæбæх хъуысын байдыдтой. — Гъей, æрлæуу!.. Суанг ма мæм бæхты хуырыттытæ дæр хъуысынц, сæ фындзыхуын- чъыты æхситт дæр. Згъорын мæ бон нал у. Мæ мазолтæй акъахдзæф кæнын нал фæразын æмæ катайы бацыдтæн... Тыпг æнцонæй бафтыдтæн знæгты къухы. Сæ бæхтæй æргæппытæ кодтой æмæ мыл амбырд сты. Уæд ма, мæ амондæн, мæ дыууæ къухы дæр æнæхъæн уыдысты. Æмæ сын равдыстон, махырдыгæй хъæбысæй куыд хæцынц, уый. Иуæн дзы йæ дæндæгтæ базгъæлдтон, иннæмæн йæ фæсхъус ныццавтон, æр- тыккаг... æртыккаг та мын мæхи сæр ныххафт ласта. Æз ахаудтæн. Ницыуал бамбæрстон. Фæлæ мæлгæ нæ акодтон. Мæхи куы æрæмбæрстон, уæд уыдтæн бынтон хуылыдз. Кæцæйдæр мыл дон калди, кæцæй, уый мæхæдæг дæр не ’мбæрстон. Мæ фындз- мæ, мæ хъустæм, мæ цæстытæм æмæ мын мæ фæсонтæм цыма цыхцырæг сарæзтæуыд. Æз уыциу хъæр фæластон: — Æгъгъæд у, ныууадзут уæ митее! Мæ алыварс акастæн æмæ цъайы раз зæххыл дæргъæй лæууын. Мæ уæлхъус афицертæ, хъазахъхъæгтæ... Иумæ дзы ведра, иннæмæ чысыл авг, йæ мидæг, æнхъæлдæн, нашатырнæй спъиртт... Æргуыбыр мæм кодтой, цинæй мæлынц. Сæ цырыхъхъытæй мæ батъæпп кæнынц. — А-гьа, райгас и!.. — Базмæлыд! — Сулæфыдтæ, большевикты къæбыла! — Сыст уæлæмæ! — дзырдæппарæн кæнынц алырдыгæй. Æз сыстадтæн. Цы уæлдай мын уыд, хуысгæ кодтаин, лæугæ æви бадгæ. Лæууын. Зыбыты хуылыдзæй. Алырдыгæй мæ дон мизы. — Цæй куыд, цы йæ фæкæнæм? — уынаффæ кæнынц сæхимидæг. 8
— Цы йыл хъуыды кæнут, æнаккаджы штабмæ кæнгæут, æн- дæр! Фæкæнынц мæ штаб- мæ. Цæуын. Мæ дзау- мæтты дон тæдзы. Мæ сæры алы æнкъард хъуыдытæ æвзæры. «Афтæ, гъе, Трофи- мов Петя, дæ цард фæ- ци. Дæ фæстаг къах- дзæфтæ ма кæныс». Раст уын куы зæ- гъон, уæд мын уыцы фæстаг къахдзæфтæ кæнын тынг зын уыди: мæ мазолтæ сæхимæ бандзæвын нал уагъ- той. Цыма сæ исчи ар- къауæй ласта. Охх, мæ уд сæ куыннæ схауди! «Уæдæ афтæ, гъе, Петя! Уæддæр бирæ куы фæцардтæ. Æгъ- гъæд дын у, — дзурын мæхинымæр. — Дæ мазолтæ бирæ нал фæрис- дзысты, ма тæрс. Сахаты æрдæджы фæстæ фехсдзысты будёновец- Трофимов Петяйы44. Æниу дæуæй цæй будёновец ис? Ды хъæла куы дæ! Дæ фырæгуы- дзæгæй пакет дæр фесæфт. Уый ныббаринаг нæу. Фæлæ куыд хъуамæ фесæфтаид. Дæ бон уый фесафын нæ уыд!..» Æмæ мæ куыд не ’рхъуыды кодтаиккой, афтæ аивæй агурын мæ роны, мæ фадгуыты, мæ фæрстæ сгарын. Пакет фæдæлдзæх. Цæй, цы гæнæн ис! Уый ма хуыздæр дæр у. Пакетимæ мæ куы æрцахстаиккой, уæд хъуыддаг æвзæрдæр уаид. Ныр мын æнцондæр уыдзæн. Нæ пакет Мамонтовы къухтæм нæ бахауди. Мæ зæрдæйæн æнцондæр уыдзæн. — Æрлæуу! — дзурынц мæм мæ къанвойтæ.—Æрлæуу, большевик! Штабмæ æрбахæццæ стæм. Сенæмæ схызтыстæм. Стæй талынггомау уатмæ бацыдыстæм. Уы- дон мæм дзурынц: — Ам фæлæуу, мах дежурнæ афицерæн фехъусын кæнæм. — Хорз, фехъусын кæнут. Дыууæйæ ацыдысты, дыууæйæ та мæ разы баззадысты. Æз иучы- сыл алæууыдтæн, стæй афтæ зæгъын: — Æмбæлттæ, мах кæрæдзийæн æфсымæрты хуызæн стæм, æм- бæстæгтæ. Иу зæххы хъæбултæ. Куыд уæм кæсы? Курын уæ, æмæ мын 9
мæ тыхстдзинад бамбарут. Уæ хорзæхæй, æмбæлттæ, мæ мæлæты размæ мын мæ дзабыртæ аивыны бар раттут. Мæ мазолтæ мæ æрлæууын нал уадзынц. Уæд дзы иу афтæ: — Мах дæуæн æмбæлттæ не ’стæм, æнаккаг! Уæрæсейы алырдæм куы уæй кæныс, уæд уый фæстæ та дæ мазолтæ риссынц? Ницы кæны, тъæпæнхъæумæ дæ мазолтимæ дæр бауадздзысты. Ницы дын уыдзæн. — Омæ йын хæлæг кæныс? Уадз æмæ сæ раива. Ралас сæ, ралас!-- загъта иннæ. Æз дæр дын къуымы абадтæн æмæ мæ цырыхъхъытыл ахæц-ахæц кæнын. Тыхтæй-амæлттæй дыууæ дæр раластон. Охх, куыд мын фен- цондæр бæгъæввадæй, уый куы зониккат! Мæ къæхтæ ныхыныл балæу- уыдтæн. Афтæ æхсызгон мын уыди, æмæ мæ цæстытæ бацъынд кодтон. Фæстæмæ мæм дзабыр скæнын нал цыди. Бадын бандоныл, мæ зæвæттæ ныхын, æмæ мæ сæрмæ бынтон æн- дæр хъуыдытæ цæуын байдыдтой, цардбæллон хъуыдытæ. «Куыд кæсын, афтæмæй мæ хъуыддæгтæ бынтон æвзæр не сты,— хъуыды кæнын мæхинымæр. — Кæй бон у мæн æрцахсын? Ахæмæй цы ракодтон? Кæд ома сырхытæй дæн? Æмæ мæ ныхыл фыст у, сырхытæй дæн, уый? Сырх стъалы мыл нæй, документтæй дæр мæм уæдæ ницы ис. Цæмæ гæсгæ мæ хъуамæ фехсой? Уый нырма фенд зоны, госпо- датæ!..» Мæ зæвæттæ дзæбæх нæма аныхтон, афтæ дуар байгом, æмæ чидæр æрбахъæр кодта: — Уацайраджы ракæнут! — Гъей, тагъддæр дæ дзабыртæ акæн, — дзурынц мæм мæ хъахъ- хъæнджытæ. Æз мæ дзабыртæ кæнынмæ фæдæн. Фыццаг уал мæ рахиз къахыл, куыд æмбæлы, афтæ партянкæ стыхтон æмæ цырыхъхъ скодтон. Стæй ме ’ннæ партянкæ куы райстон, уæд мæ къахы бын цыдæр хъæбæр фæ- ци. Асгæрстон æй, æмæ гæххæттын цыдæр. Пакет! Мæнæ, зæгъын, дис- сæгтæ!.. Кæй зæгъын æй хъæуы, пакет зыбыты хуылыдз ныцци, ныддымст. Партянкæйы хуызæн сси. Æвæццæгæн, хæлафы фадыгæй цырыхъмæ æрбырыд. Цы йын хъуамæ бакодтаин сымахмæ гæсгæ? Æппаргæ йæ акодтаин? Кæдæм? Бандоны бынмæ? Нæ, уым æй уайтагъддæр ссардтаиккой. Æфснайгæйæ йæ рамарзтаиккой. Æз æй мæ къухты æхсæн атымбылтæ кодтон æмæ йæ, куыд ничи мæ фена, афтæ мæ дзыппы авæрдтон. Мæхæдæг ме ’ннæ цырыхъхъ мæ къахыл акодтон æмæ сыстадтæн. — Æз цæттæ дæн. — Цæугæ. Бацыдыстæм штабмæ. Стъолы уæлхъус бады афицер. йæ цæсгом зæрдæмæдзæугæ. Æры- гон, бурдзалыг. йæ бакаст æппындæр мæстыхуыз нæ уыд. 10
Стъолы уæлæ дур. Дынджыр дойнагдур. Афицер йæ мидбылты худы æмæ уыцы дур йæ къухæй асæрф-асæрф кæны. Æз дæр æнæбары ныккастæн дурмæ. — Цæй куыд у? — дзуры мæм афицер. — Базыдтай йæ? — Кæй, зæгъын. — Мæнæ ай. Ацы «гыццыл» дур. — Нæ, никуы йæ федтон. — Ау, уый та куыд? — Мæ цæрæнбонты дæр дуртимæ никуы куыстон. Æз пълотник дæн. Стæй не ’мбарын, æвзæрæй уын цы кодтон, уый. Цæмæн мæ æр- цахстат? Æз дæи хуымæтæджы пълотник. Мæхицæн фæндагыл сцæй- цыдтæн... Æмбарут? Уалынмæ... — А-гъа, — мæ ныхас мын фескъуыдта афицер. — Уалынмæ фæн- дагыл лæууы хъахъхъæнæг. Афтæ, нæ? Пълотник дур фелвæста, мæнæ ацы дур, æмæ йæ хъахъхъæнæджы сæрыл фæкодта! Афицер фæгæпп ласта. йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд, æмæ дын уыциу хъæр куы нылласид: — Цъаммар, æнаккаг! Æз дын фенын кæндзынæн, мæнæй цы ахын- джылæг кæнай, уый! Æз дæ дæ фындзæй æрцауындздзынæн!.. Басудз- дзынæн дæ! Дæ цармæй дын гæрзытæ рауадздзынæн!.. «А-а, сырды мыггаг, уæдæ мын мæ цармæй гæрзытæ рауадзынмæ хъавыс, нæ?» — рафыхтæн мæхинымæр. — Нæ, — дзурын æм уæд æз, — уымæй дын ницы рауайдзæн. Æз дын дæ къæхтæ асæтдзынæн, мамайы буц хъæбул! Дæ хуызæн уаллæт- ты æз ныр дыккаг аз цæгъдын. Бамбæрстай? Ды гоголь-моголь куы дæ! Исчи мæ цыма ме ’взагæй ласта, уыйау ын алывыд фæкалдтон. Цымæ йын гоголь-моголы кой та цæмæн скодтон? Абон дæр ын ницы зонын. Афицер тынгдæр æрбамæсты, калмау йæ сыф-сыф ссыд, æмæ мыл уыциу хъæр фæласта: — А-а-а! Большевик? Æмбал? Мæскуыйаг шпион? Афтæ, афтæ. Иттæг хорз!.. Лæппутæ! — фæдзырдта йæ хъазахъхъæгтæм. — Кæнгæут æй! Баджигул кæнут ацы цъаммармæ, суанг æй йæ сæрæй йæ зæвæтты онг басгарут! Охх, мæ удæй мæ хуылфы ницыуал аззад. Мæ буар ныррызти. Мæ цæстытæ ацъынд сты. Тымбылкъухтæ афтæ нылхъывтон, æмæ сæ ныхтæ буары афардæг сты. Уалынмæ, мæ амондæн, дуар фегом æмæ иу æрыгон афицер хъæр- гæнгæ уаты смидæг. — Господа! Бахатыр кæнут, господа... Инæлар æрбацæуы! Иууылдæр фæгæппытæ ластой. Хуызы цъыртт сæ никæйыуал аззад. Мæн чи фарста, уыцы гæмхетт афицер дæр фестад, мæрдон фæлурс аци. — Уæууа, нырма уæдæ куыд? — скатай афицер. — Тагъд рæнхъ æрлæуут! — Уыциу хъæр нылласта йæ адæмыл. — Иууылдæр уынгмæ, атаманы размæ! Тагъд! Се ’ппæт дæр дуарырдæм азгъордтой. Н
Æз иунæгæй аззадтæн, мемæ ма æрыгон хъазахъхъаг, йæ къæхтыл англисаг батинкæтæ. Мæнæ мын тæригъæд чи фæкодта æмæ мын мæ дзабыртæ ласын чи бауагъта, уый. Хъуыды ма йæ кæнут? Гъемæ уыцы хъахъхъæнæг дуары цур лæууы, йæ винтовкæйæ хъа- зы æмæ мæм кæсы. йæ цæстыты æнгасæн бамбарæн нæй. Цыма йæ мид- былты худы, афтæ зыны. Æви йын тарст цæстытæ ис? Кæд, миййаг, тæрсгæ кæны, куы алидзон, уымæй? Бæлвырд ын ницы зыдтон. Фæлæ цыфæндыйæ дæр мæн бирæ хъуы- ды кæнынмæ не ’вдæлди. Мæ къух мæ дзыппы атъыстон, пакетыл хæ- цын æмæ хъуыды кæнын: «Ныр ай цы фæкæнон? Исты мадзалæй йын йæ фæд фесафын хъæ- уы. Фæлæ куыд æгъдауæй? Аппарæн ын нæй. Уый бæлвырд у! Аскъуы- нæн дæр ын нæй уæдæ. Цытæ дзурут! Куы йæ аскъуынон, уæд та йын уыцы дæлимонтæ йæ гæбæзтæ фæстæмæ кæрæдзиуыл баныхасдзысты. Нæ, æндæр исты йын æрхъуыды хъæуы...» Лæууын, пакетыл мæ дзыппы мæ къухæй хæцын æмæ хъахъхъæнæг- мæ кæсын. Æмæ дын хъахъхъæнæг йæ мидбылты куы бахудид. Æз æм кæсын, уый худы. Цавæрдæр æнахуыр зæрдæхсайгæ худтæй. Кæнæ мын тæригъæд кодта. кæнæ та æцæгæй дæр худгæ. Марадз æмæ йæ бамбар! Ноджы йæ винтовкæйæ хъазы. «Уæд та йæм пакет раттын бафæлварин? Хуыцауыхатырæй, мæ хæ- лар, ацы пакет айс æмæ йæ бамбæхс, зæгъгæ». «Нæ, ницæй тыххæй йын æй зæгъдзынæн. Цыдæр зæрдæхсайгæ адæймаг куы у, тынг зæрдæхсайгæ». Фæлæ уæддæр пакет цы фæкæнон, уымæн ницы зонын. «Уæ мæ хæсгæ мæрдтæ, — загътон мæхицæн, — раздæр æй куыд нæ æрхъуыды кодтон! Бахæрон æй, æндæр цы. Хæргæ, æмбарут?» Æз уыцы сахат пакет систон. Пакет, зæгъгæ... Пакеты хуызæнæй йæм ницыуал уыди, гæххæттын гуцъула сси. Мæнæ гуылы хуызæн. «Ехх, æвæдза! Æмæ йæ ныр хæргæ та куыд бакæнон. Кæцæй йæ райдайон? Кæцырдыгæй?» — бакатай кодтон мæхинымæр. Афтæ хъуыдытæгæнгæ куыддæр аджих дæн. Цыфæндыйæ дæр гæх- хæтт зын хæрæн у. Исты мын адджинаг, миййаг, куы нæ уыд. Æмæ та мæ хъахъхъæнæгмæ бакастæн. Уый йæ мидбылты худы! Зонут, уыцы урс бандит йæ мидбыл худы!.. «А-гъа, уæдæ афтæ у?» — хъуыды кæнын мæхинымæр. — Худгæ кæ- ныс? Æмæ фыддæрагæн, мæ цæст дæр нæ фæныкъуылдтон, афтæмæй фыццаг комдзаг ныккодтон пакетæй. Стæй йæ сындæггай æууилын рай- дыдтон. Адджынæн хæрын, цъæм-цъæм дæр кæнын. Раст уын куы зæгъон, уæд мæм тынг хæрзад нæ фæкаст. Цыдæр æнахуыр ад кодта. йæ аныхъуырын дæр тынг зын уыди. Ноджы æнæ цæхх, æнæ æндæрæй. Ныр мæ хъахъхъæнæг худгæ дæр нал кæны, стæй йæ винтовкæйæ 12
дæр нал хъазы, фæлæ йæ каст мæнмæ скодта. Æмæ дын мæм æнæнхъæ- лæджы куы сдзурид... Сындæггай мæм дзуры: — Ей, лæппу, цæхх æмæ кæрдзын, и? Æз фæдис кодтон. Ай, зæгъын, цы хабар у? Ме ’ууилын дæр фæ- уагътон. Уалынмæ æддейæ Урра-аа! Урра! Урра! зæгъгæ, æрбайхъуыст. Хæ- дзары раз каляскæ æрлæууыд. Р1æ мыр-мырæгтæ сдзыгъал-мыгъул код- той. Æмæ, цы æрцыди, уый дзæбæх нæма равзæрстон, афтæ дæлбазырæй фæцыд хъæртæ, æмæ мæ хъахъхъæнæг чучылау дуары раз лæугæйæ баззад. Æз фæтарстæн. Мæ гæххæтты тыхтон атымбылтæ кодтон æмæ йæ мæ дзыхы тых тъыст бакодтон. Мæ дзых ма тыххæй сæхгæдтон. Лæууын, фæлæ мæ бон улæфын нал у. Мæ сæт аныхъуырын дæр нал фæразын. Уалынмæ дуар фегом, æмæ æнæхъæн къордæй мидæмæ æрбакал- дысты. Се ’ппæты разæй инæлар. Дæргъæй-дæргъмæ, сохъхъыр арсы хуы- зæн. Уæлдзарм худ йæ сæрыл, æхсаргард йæ фарсыл. йæ фæстæ — афицертæ, писыртæ æмæ цумайы лæгтæ. Бæстæ змæлд сси, ратæх-ба- тæх кæнынц, инæларæн алырдыгæй бандæттæ давынц. Бынтон рог та штабы дежурнæй афицер сси. Инæлары раз раст рувасы цъыллинджы- тæ кодта. — Бахатыр, дам, кæн, дæ бæрзонддзинад. Мах дын æрбацæуын æнхъæл нæ уыдыстæм. Махæй афтæ, æмæ Еленовкæйы раз хæстыты дæ. — Бæгуыдæр Еленовкæйы раз хæст уыди, — загъта инæлар. — Сырхытæ фæстæмæ ацыдысты. Хуыцауы фæрцы не ’фсæдтæ Славяно- сербск бацахстой æмæ Ольховæйыл Луганскмæ фæцæуынц. Инæлар æфсæддон картæйы размæ бацыд æмæ йыл йе ’нгуылдзæй бацамыдта, се ’фсæдтæ кæдæм æмæ цæмæн фæцæуынц, уый. — Ай та уын чи у? — ауыдта дын мæн æнæнхъæлæджы. — Уый та уацайраг, дæ бæрзонддзинад. Чысыл раздæр нын нæ хъахъхъæнæджы «дурæй амардта. Нæ бæхджын сгарджытæ йæ ам кæм- дæр хæстæг æрцахстой. — А-а-а, — даргъ аивæзта инæлар. Стæй мæ размæ æрбацыд, æмæ йæ дæндæгтæ скъæс-къæс кодтой. — Гъы, мæ зæды хай! Бахаудтæ дзы? Иуныхасæй дзы ныссагътæ, и? йемæ ныхас кодтат? — Нæма, фадат нын нæма фæци. — Джигул та? Мæнæн мæ улæфæнтæ ахгæдтой. Мæ дæндæгтæ кæрæдзимæ тынг- дæр нылхъывтон æмæ хъуыды кæнын: «Ай дзы æцæгæй дæр куы бахаудтæн». Ныр уыдон сæ дзыхтæ ныххуыдтой. Ничи ницы дзуры. Каерæдзимæ ракæс-бакæс кæнынц. Сæ уæхсчытæ фелхъивынц, ома джигулы хъуыд- дагæн куы ницы зонæм. Уæд дын, англисаг батинкæтæ цы хъазахъхъагыл уыди, уый куы раныхас кæнид: 13
— Раст афтæ, дæ бæрзонддзинад. Баджигул æм кодтам. — Кæд? — фæрсы инæлар. — Мæнæ йæ зæрдæ куы бахъарм æмæ цъайы раз дæргъæй куы лæууыд, уæд. — Æмæ куыд? Ницы йæм ссардтат? — Ссардтам. — Цы йæм ссардтат уæддæр? — Уæддæр ницы, фæлæ йæм бæттæн ссардтам. — Цавæр бæттæн? — Мæнæ ацы бæттæн. Æмæ йæ дзыппæй хæцъилы уадздзаг сласта. Хуыцауыстæн, мæ фыны дæр æй никуы федтон. Хуымæтæджы кæттаг хъуымацы уадздзаг. Æрчъитæ дзы фæбæттынц. Фæлæ уый мæн нæ уы- ди. Хуыцауыстæн, нæ уыди... — Ай цыдæр гуырысхойаг бæттæн у, — загъта инæлар. — Дæу у? — бафарста мæн. Æз мæ сæр батылдтон, фæлæ «мæн нæу» зæгъын мæ бон нæ баци, мæ дзых йе ’дзаг уыд. Æмæ та дын уыцы хъазахъхъаг афтæ куы бакæнид: — Уыцы бæттæны, дæ бæрзонддзинад, тæссагæй ницы ис. Уый пълотничы фæхъæуы. Пълотниктæ дзы алы хъæдын дзаумæттæ фæба- рынц. Адылийы бæсты. — Пълотниктæ зæгъыс? — фæрсы инæлар. —Æмæ уæдæ ды пълот- ник дæ? Æз та мæ сæр батылдтон «о», зæгъгæ, фæлæ мын дзурæн нæй. Мæ дзых йе ’дзаг уыд. — Ай цы хабар у, хуыцауы тыххæй! Гоби у æви? — Гоби нæу, — загъта афицер. — Мæ бон у дæуæн фехъусын кæ- нын, дæ бæрзонддзинад: фондз минуты размæ ацы гоби ам ахæм дзы- хæй дзырдта, æмæ йын æрцауындзын дæр чысыл у. Уæлдайдæр та сæр- магондæй мæн кæй бафхæрдта, уый тыххæй... — А-гъа. Иттæг хорз, — загъта инæлар. Бандон ма мæм æрбадæт- тут, æз æй æрфæрстытæ кæнон. Инæлар сбадт, йе ’хсаргардыл æрæнцой кодта æмæ дзурын рай- дыдта: — Рагацау дын зæгъын: ныртæккæ мын куы нæ радзурай, чи дæ æмæ кæцæй цæуыс, уый, уæд дæ къулы рæбын алæууын кæндзынæч æмæ... æнæ суд æнæ æндæрæй... Бамбæрстай? Цы æмбарын мын æй хъуыди? Зын бамбарæн нæу! Къулы рæбын мæ слæууын кæндзæн æнæ суд æнæ æндæрæй, æмæ мæ агæрах кæндзы- сты. Фæлæ ницы дзурын. Инæлар дæр чысыл æдзæмæй абадти, стæй афтæ зæгъы: — Кæд большевикты дзырдхæссæг дæ, уæд уе ’фсæддон хайы ном, уæ хæцæнгæрзты нымæц æмæ, уе штаб кæм ис, уыдæттæ зæгъ. Каедæмæ ардыгон пълотник дæ, уæд та, кæцы хъæуæй дæ, уый зæгъ. Цы йæ бафæндыд! Кæцы хъæуæй, дам, дæ, Ехх-хе-хе!.. 14
Инæлар æрбадт, йе ’’хсаргардыл æрæнцой кодта æмæ дзурын райдыдта.
«Мæ хъæу мын бæргæ зонут, — хъуыды кæнын мæхинымæр. — Уæлмæрдты губернийæ, Ингæнты уездæй, мæ хъæуы ном — Чырын». Æмæ сын æй афтæ бæргæ загътаин, фæлæ мын дзурæн нæ уыд — мæ дзых йе ’дзаг уыди. Ныр мæхæдæг сагъæеы бафтыдтæн: Миййаг, мардæй мæ дзых куы байгом уа, æмæ пакет уырдыгæй куы рахауа. Уый хъуыддаг уыдзæн, гъе!.. — Куыд кæсын, афтæмæй ай æнæ дзурынтæй чи хъазы, уыцы комиссаргæндтæй у, — загъта инæлар. — Ахæм лæг исты зæгъыны бæс- ты йе ’взаг ахауын ласдзæн. Уæвгæ... Иудзырдæй, афтæ бакæнут, æф- сæйнаг лæдзджытæй уал бафæлварут. Бамбæрстат? Æмæ йæм дзурын куы æрцæуа, уæд-иу æй мæ фатермæ æрбакæнут. Æз уал цай цымынмæ ауайон... Æрмæст хъусут, — бафæдзæхста ма сын инæлар, — мæлæтдзаг над æй ма фæкæнут. Маргæ йæ кæддæриддæр акæндзыстæм, фæлæ уал æй фыццаг бафæрсын хъæуы. Бамбæрстат? — Бамбæрстам, дæ бæрзонддзинад, — фæхъæр ластой æмдзы- хæй. — Мæлæтдзаг над ын нæ фæкæндзыстæм. Куыд æмбæлы, афтæ йедтæмæ. Инæлар цай цымынмæ ацыди. Мæн иннæ уатмæ бакодтой æмæ мын мæ хæлаф ласын кæнынц. — Раппар, пълотник, дæ кусæндзаума. Æз мæ кусæндзаума ласын байдыдтон, бирæ кæй уарзтон, уыцы галифе хæлаф. Тагъд нæ архайдтон. Уыдон мæ нæмынмæ хъавыдысты, æз та хъуа- мæ тагъд кодтаин! Уымæй ма худæгдæр цы уаид! Æмæ сындæггай ме ’гънæджытæ æфтауын, мæхæдæг хъуыды кæ- нын: «Мæ хъуыддаг хорз нæу. Куы мæ иæмой, уæд, миййаг, куы ныхъ- хъæр кæнон, æмæ пакет мæ дзыхæй куы рахауа. Иуныхасæй мын хъæр кæнæн нæй. Хиуыл хæцын хъæудзæн». Цалынмæ æз афтæтæ хъуыды кодтон, уæдмæ уыцы æнаккæгтæ уа- ты астæу даргъ бандон æрæвæрдтой, шинель ыл райтыдтой æмæ мæм дзурынц: — Æрхуысс! Сæхæдæг топпытæн сæ шомполтæ æфтауынц æмæ сæ цæмæйдæр сæрдынц. Каед дзымари уыди, уæддæр нæ зонын. Гъе та цæхджын дон. Ницы йын базыдтон, цы уыди, уымæн. Æз даргъ бандоныл дæлгоммæ æрхуыссыдтæн. Мæ гуыбын бынæй, мæ фæсонтæ уæле. Æнæ хæдонæй. Хъуыды-ма йæ кæнын, мæ фæсонтыл бындз абадти. Æмæ йæ кæй нæ асырдтон, уый дæр ма хъуыды кæнын. Бындз мын мæ буар аныхта, аразгъор-базгъор кодта æмæ атахти. Уыцы минут мын мæ фæсонтæ шомполæй ныххафт ластæуыд. Æз хъыпп-сыпп не ’скодтон, æрмæст мæ дæндæгтæ кæрæдзимæ тынгдæр нылхъывтон æмæ хъуыды кæнын: «Куы нæ ныхъхъæр кæнин, æндæр мæ ницы хъæуы. Æмæ кæд хуы- цауы фæрцы бафæразин». 16
Ныр пакет мæ дзыхы бынтондæр сæтæй ныллæхъир, æмæ йæ сын- дæггай ныхъуырын. Куы мæ ныххафт ласынц, уæд та æз дæр ныхъхъæр кæныны кæнæ ныхъхъæрзыны бæсты пакетæй иу комдзаджы бæрц аны- хъуырын. Æндæр мæ дзыхæй иу уддзæф нæ хауы. Зын мын бæргæ уыд, фæлæ цы гæнæн и. Нæмынц мæ сæ тых-сæ бонæй. Æппындæр мыл нæ ауæрдынц. Цæвынц мын мæ фæсонтæ, уымæй дæлдæр, мæ фæр- стæ, мæ зæнгтæ, иуныхасæй, ныццæвæн кæцырандæриддæр ис, уы- мыты. Риссы мæ буар æгасæй дæр, фæлæ мæхи ныффидар кодтон. Афицертæ дисæй мæлынц. — Ахæм ма дзы искуы уыди! — дзурынц алырдыгæй. — Гъеуый уды фидар у, гъе!.. Цæвут, цæвут æй! Æрмæст æй, уæ хорзæхæй, бын- тон ма амарут. Сдзурдзæн, ма тæрсут! Уæдæ ма йын цы гæнæн уы- дзæн, æнаккагæн!.. Æмæ та ногæй — хафт, хафт! Ногæй та шомполты æхситт уæлдæфы фæцыд. Иу хатт! Дыккаг хатт! Ноджыдæр!.. Мæ сæр бандонæй æрзæбул, мæ дæндæгтæ нылхъывтон æмæ æдзæ- мæй лæууын. — Фæлæуут-ма, — фæурæдта сæ афицер. — Ай цы ми кæнæм? Кэед æцæг фыддæрадæн йе ’взаг аныхъуырдта, уæд та? Чысыл мæ фæуагътой, тых улæфт кæнынц. Бафæлладысты, мæ- гуыртæг. — Дæумæ дзурын, пълотник, — æрбауырдыг мæм ис афицер. — Дзуапп цæуылнæ дæттыс? Дæу куы фæрсын! Æз дæр куы федылы уаин æмæ куы сдзурин: — Нæ дæттын! Уыйадыл мæ дæндæгтæ дæр æмæ мæ былтæ дæр кæрæдзийæ фæхи- цæн сты, мæ дзыхæй цыдæр æрхауд, æмæ йæ тъæпп зæххыл фæцыди. Раст зæгъгæйæ, уæд фæтарстæн. — Ей, — дзуры афицер, — уый йæ дзыхæй цы æрхауди? Королёв, фен-ма йæ!.. Королёв æрбауад æмæ йæм кæсы. Кæсы æмæ афтæ зæгъы: — Æвзаг, дæ бæрзонддзинад... — Цьь цы?! — фæхъæр кодта афицер. — Куыд загътай? Æвзаг зæгъыс?! — Раст афтæ, дæ бæрзонддзинад, æвзаг у. Æвзаг пъолыл лæууы. Æз фæтыхстæн. «Ау, пакетимæ ме ’взаг дæр баууылдтон?» — хъуыды кæнын мæ- хинымæр. Ме ’взаг базмæлын кодтон æмæ йын мæхæдæг дæр ницы æмбарын. Иæ бынаты ис æви нæ, уый не ’взарын. Æрмæст мæ дзых алы æвзæр ад кæны, уый хорз хатын. Чернила, бецъеби æмæ туг иумæ сæмхæццæ сты, ноджы сцъæхдæндаг дæн. Пъолмæ æркастæн æгаæ дзы æцæгæйдæр æвзаг. Æвзаг цы вæййы, 2 Пакет 17
уый. Сырх, сæтæйдзаг æвзаг зæххыл лæууы. Æмæ йыл бындз бады. Афтæ, гъе! Хардзау мæм æркаст. Æмæ куыннæ! Хуымæтæджы исты куы нæ уыди, миййаг. Æвзаг! Стæй искæй æвзаг дæр нæ, фæлæ мæхи æвзаг. Ноджы ма йыл бындз дæр бады. Бынтон мæ уый амардта. Уæхæдæг ма ахъуыды кæнут, де ’взагыл бындз бадæд æмæ йæ атæрын дæ бон ма уæд. Охх, уыдæттæ мын афтæ зын уыдысты, афтæ, æмæ мæхи нал ба- урæдтон, — скуыдтон. Хуыцауыстæн, скуыдтон! Раст сывæллоны хуы- зæн... Шинелыл хуыссын æмæ кæуын. Ныр уыцы лæгмартæ мæ алыварс лæууынц, дис кæнынц æмæ, дард- дæр цы бакæной, уымæн сæхæдæг дæр ницы зонынц. Уæд афицер афтæ зæгъы: — Исты йæ фæкæн, Королёв! — Хъусын. Кæй фæкæнон исты? — Æвзаджы, сæрхъæн! Не ’мбарыс? «Нæ, уый дзы нæ уыдзæн, — хъуыды кæнын мæхинымæр. Æз ме ’взагæй хынджылæг кæнын нæ бауадздзынæн». Мæ хъуырмæ цы кæуыны къуыбар стылди, уый дæр, стæй ма, мæ дзыхы пакетæй цы уыди, уыдон аныхъуырдтон, ме ’взаг зæххæй фелвæс- тон æмæ йæ мæ дзыхы атъыстон. Гыццыл ма бахъæуа, мæ дæндæгтæ ма ныммур кæнон. Мæ дунейыл ахæм æвзаг никуы федтон: дæрзæг, хъæбæр, раст мæнæ дуры хуызæн. Уæд æй фæхъуыды кодтон: «Ай, зæгъын, æвзаг куы нæ у. Бецъеби куы у. Æмбарут? Завару- хин пакетыл цы бецъеби мыхуыр сæвæрдта, уый. Нæ комиссары мы- хуыр». Уыцы хъуыддаг мæм ахæм худæг фæкасти, æмæ уын куыд зæгъон. Уыцы бецъеби-æвзаг мæ дæндæгты æхсæн, куыд нæ мæ бафиппа- йой, афтæ тагъд-тагъд æрмур кодтон æмæ йæ аныхъуырдтон. Хуыссын, мæ худын тыххæй уромын. Мæ фæсонтæ арт уадзынц, ме стджытæ риссынц, афтæмæй мæ ныххудынмæ бирæ нал хъæуы. Æмæ уæ зæрдæйæ цæуыл? Уыцы бандиттæ ме ’взагæн афтæ тынг кæй фæтарстысты, худын мæм ууыл цыди. Хуымæтæджы тарст фæкодтой! Уымæн æмæ сын инæ- лар афтæ бафæдзæхста, æгас æмæ йæ æнæнизæй мæ фатермæ æрбакæ- нут, зæгъгæ. Æмæ ныр уыдон та цы бакуыстой?.. Афицер йæ сæрмæ фæлæбурдта. — Искуы дæр ма уый æрцыди? Де ’взаг бахæр! Æмбарут, цы ба- кодта, уый? йе ’взаг бахордта! О хуыцау, мæнæ цы диссаг и, мæнæ! Стæй дын мæ размæ æрбауад: — Цы кæныс, цы, æфсымæр? Цæуыл кæуыс? Æз та кæугæ нæ, фæлæ худгæ кодтон. — Афтæмæй дын хъæбæр нæу? Уæд зæгъ, æмæ базтæ æрбахæсдзы- сты. Хъæуы дæ баз? Зæгъ-ма, цæй. Æз бахъым-хъым кодтон: 18
— Мæ-нæ-бы-бы... — Цы зæгъыс, цы? — фæрсы та мæ афицер. — Бы-бы... Мæ сæр тилын, цыма æцæгæй дæр дзурын нал зонын. — Æцæгæй аныхъуырдта йе ’взаг,— загъта афицер. — Уæдæмæ йæ дохтырмæ акæнæм. Кæд ма йын исты бакæнид. Кæд æй, миййаг, иууыл- лæр нæ бахордта. Кæд ма йын бахуийæн уаид... Акæнут ын йæ дзау- мæттæ! — къаманды кæны афицер. Мæ дзаумæттæ кæнынмæ мын февнæлдтой. Ме ’гънæджытæ мын æвæрынц, цыма сывæллон дæн æмæ мæхæдæг нæ арæхсын, уыйау. Æз сæ иуварс асхуыстон æмæ мæхæдæг скодтон мæ дзаумæттæ. Ме ’гънæджытæ сæвæрдтон æмæ сыстадтæн. Мæ къæхтыл слæууыдтæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаджы-фыццагдæр мæ фæсонтæ мæ къухæй асгæрстон. Цытæ мын бакодтой, уый уæдæ ма федтаин! Æмæ уын æнæгæды куы зæгъон, уæд мæ мæ фæсонтæ тынг хордтой. Куыддæр ныххуылыдз, ныллæхъир сты. Мæ къæхтæ дæр слæмæгъ сты. Æппындæр нал бæззынц. — Цæй цом! — дзурынц мæм уыдон. Рацыдыстæм. Фæзмæ рахæццæ стæм. Афицер, стæй, англисаг ба- тинкæтæ кæуыл уыд, уыцы цумайы лæппу. йæ мыггаг Зыков. — Хъус-ма, Зыков, — дзуры йæм афицер. — Дæ хорзæхæй, ды йæ тагъддæр дохтырмæ кæнгæ, æз дæр дæ ныртæккæ феййафын. Æмба- рыс, мæн ма йæ бæрзонддзинадмæ бауайын хъæуы. Афицер йе ’хсаргард абаста æмæ уæртæ фæуайы. Мах фæцæуæм. Æз — разæй, Зыков фæстейы. йæ топп цæттæйæ дары. Ницы дзуры. Æз ын афтæ зæгъын: — Хъус-ма, ме ’мбæстаг... — Дæ дзыхыл хæц! — фæхъæр мыл кодта уый. Æз та йæм ногæй дзурын: — Ныууадз-ма цæй, æфсымæр!.. — Ма дзур! Æнцад цу! — зæгъгæ, та мын афтæ. «Сæрхъæн! Урсыты къæбыла!» — смæсты йæм дæн мæхинымæр. Ницыуал ын загътон. Фæчепп-фæчепгæнгæ цæуын дарддæр, æмæ алы хъуыдытæ сæрмæ хизынц. Æмбарын æй, мæ хъуыддæгтæ бынтон- дæр кæй ныссуйтæ сты. Фездыхсæн æмæ мын фезмæлæн кæй нæуал ис, уый. Гъер ма уæхæдæг ахъуыды кæнут, цы гæнæн ма мын уыдис? Лидз- гæ акодтаин, æмæ мæ фæстæ Зыков топпифтыгъдæй цыди. Дард нæ алыгъдаин. Мæ уавæр æвзæр уыди, тынг æвзæр! Æрмæст дæр ма иу хъуыдда- гæй мæ зæрдæ рухс кодта: пакет кæй бахордтон, уымæй. Гъеуый ма мæ ныфс уагъта. Мæ мæлæты размæ мæ цæсгом сыгъдæг уыди... Афтæ хъуыдытæгæнгæ æрбахæццæ стæм рынчындонмæ. Чысыл хъæууон хæдзар. Йæ рудзынг — гом. Тыргъы дæр æмæ рудзынджы бын дæр адæм бадынц. Алчи йæ радмæ æнхъæлмæ кæсы. Иу лæгæн йæ къух йæ бæрзæймæ баст, афтæмæй йæ атил-атил 19
кæны. Иннæмæн йæ къах бинтæй тыхтытæ. Æртыккаг йæ русыл хæцы— йæ дæндæгтæ риссынц. Цыппæрæм, йæ бæрзæйыл цы хæлмаг ис, уый къахы. Фæндзæмæй цы риссы, уый бæрæг нæу: бады æмæ махоркæ ды- мы. Æмæ се ’ппæт дæр цæуылдæр дзурынц, худынц, быцæу кæ- нынц... Мæ къанвой сын салам радта: — Уæ бон хорз, лæппутæ! — Æгас цу. Æнæ очырыдæй кæдæм цæуыс? — дзурынц æм уы- дон. — Сбад, цыппæрдæсæм уыдзынæ. Зыков сын афтæ: — Мах хъуамæ æнæ очырыдæй бацæуæм. Махмæ тынг ахсджиаг хъуыддаг ис. — Штабæй стут? — Уæдæ! Нæ кæсут, комиссар фæрынчын. — А-а-а! Цы дзы риссы? — йæ дæндаг. йæ мæлæты размæ йын сæрмагонд сызгъæрин плом- бæ сæвæрынмæ хъавæм. — О-гъо-гъо! — ныххудтысты алырдыгæй. Хъазынц мæ. Зыков дæр худы, хынджылæг мæ кæны: — Сбад уал, комиссар, дæ фæллад суадз, цалынмæ йæ уæздан- дзинад йæ бæрзонддзинадмæ уайа, уæдмæ (ома афицер инæлармæ). Æфсæрмы ма кæн, сбад. Æз æфсæрмы нæ кодтон, фæлæ уæддæр не ’сбадтæн, тыргъы цæ- джындзы æнцой слæууыдтæн. Мæхицæн æнцад лæууыдтæн. Уыцы цъаммартæм кæсгæ дæр нæ кодтон æмæ мæ фæсонтæ сындæггай цæджындзыл хафтон. «Уадз æмæ худой. Мæнæн та цы уæлдай у? Рынчынтæ сты æмæ уæдæ цы кæной», — дзырдтон мæхицæн. Цытæ мæ дзырдтой, æз уымæ хъусгæ дæр нæ кодтон. Æнцад æрдз- мæ кастæн. Ехх, æмæ хуымæтæджы рæсугъд уыди! Æз ахæм нæма федтон. Хуыцауыстæн, нæма. Суанг ма мах хъæуы дæр нæ уыди ахæм дыргъ- цæхæрадæттæ æмæ ахæм бæзджын гæды бæлæстæ. Науæд йæ уæлдæф та! Фæткъуыты дзæбæх тæф зæрдæйыл æмбæлди. Арв та ахæм цъæх уыди, æмæ куыд зæгъон, — раст Азовы денджызæй цъæхдæр. Цæрæн- бонты дæр æм кæсынæй нæ бафсæстаин! Фæлæ ма цæй цæрæнбон уыди мæнæн та? Хæрз чысыл цæрæнбон. Æмæ æрдзмæ дæр ахæм зыдæй уымæн кастæн, уый фæстæ мын байрæ- джы уыдаид. Æмæ нал ауæрдын æрдзмæ кæсыныл. Суанг ма мæ къу- бал дæр арвырдæм сивæзтон. Уалынмæ йæ уæздандзинад (афицерæй зæгъын) йе ’хсаргард йæ фарсыл атил-атилгæнгæ æрбазгъордта. Сырх-сырхидæй, йæ сæрыхъуын- тæ — пыхцыл, цыма йæ нæмгæ фæчынди, уыйау æууæрстхуыз, æмæ мыл йæхи андзæрста: — Амæ ничи кæсы! Ды де ’взаг бахордтай, æз та ныр хъуамæ дæу тыххæй дзуапп дæттон, нæ? Æвзæрæй гуырд!.. 20
Иæ къух дард фæхаста, æмæ мæ русæн — хафт! Æмбарут? Мæ русæн. Æз ницы сдзырдтон. Мæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъывтон æмæ йын йæ сæр æркъуырдтон. Уый нырдиаг кодта, ныхъхъæрзыдта æмæ дзуры: — Фехсу-у-у-ут æй!.. Æз та йæ ногæй ныццавтон, стæй та ноджыдæр Х*æ тых-мæ бонæй! Афицер ахаудта. Мæныл, кæй зæгъын æй хъæуы, рынчынтæ амбырд сты. Мæ къухтæ мын сыз- дыхтой, мæ ныхмæ мын дам- баца ныддардтой æмæ мыл хæцынц. Æз дæр сæ мæхи нæ тонын. Æнцад лæууын. Уæд афицер сыстад, йæ худ адзæбæхтæ кодта æмæ афтæ зæгъы: — Фæлæуут, ма ма йæ фехсут. Уыйадыл бадзой-дзой кодта, йæ цæстытæ ацъынд сты. — Охх... цыдæр кæнын. Фæстæмæ йæ æрбадын кодтой. Чи йын хæцъилæй дымгæ кæны, чи бæласы къалиуæй, чи та йæ бинтæй баст дзæмбыйæ. — Цæй куыд у, дæ уæз- дандзинад?.. Нæма дын фен- цондæр? — зæгъгæ, йæ фæр- сынц. — Нæ, бынтон нæма. Ногæй та сæ дымгæгæнæнтæ стылдтой. — Ныр та? — Бузныг, ницыуал мын у. Сахъ лæппутæ стут, куыд кæсын, афтæмæй. Уыцы сæрхъæнтæ дæр дын куы фæхъæр кæниккой: — Цæттæ стæм лæггад кæнынмæ, дæ уæздандзинад! Стæй йæ фæрсынц: — Цæй куыд? Фехсæм æй ныр? — Нæма йæ хъæуы, — загъта афицер æмæ сыстади. — Хъыгаг у, фæлæ йын фехсæн нæма ис. Маргæ йæ кæддæриддæр акæндзыстæм, фыццаг уал æй дохтырæн фенын кæнын хъæуы. Æз ацы æнаккаджы сахатырдæджы фæстæ сыхырнайы хуызæн ныххуынчъытæ кæндзынæн 21
мæхи къухæй. Фæлæ уал æй сдзæбæх кæнын хъæуы... Зыков, хъус-ма, кæнгæ йæ, дæ хорзæхæй, тагъддæр дохтырмæ, æз та уæ фæстæ цæу- дзынæн. Æмбарут, мæ фарсмæ цæуын нæ уæндыди. Зыков немæ кæй уыди, уый дæр æм æгъгъæд нæ фæкаст æмæ дзуры: — Ноджыдæр ма немæ исчи рацæуæд... Филатов, рауай ды. Дæ дамбаца демæ ис? Зыков мæн топпы хъæдæй размæ схойы æмæ мыл хъæртæ кæны: — Цæугæ, цæугæ! Фезмæл! Фæцæуын. Асинтыл схызтæн æмæ дзаумæттæ ласæн уатмæ ба- цыдтæн. Æвзæр, æнуд смаг карболкæйы смагпмæ баиу, æмæ уаты сулæфæн нæй. Къæхты бын цавæрдæр банкæтæ, жестын къоппытæ. Алы ран рыг, бырон. Къултæ сатæгсау. Къулрæбын даргъ бандон æвæрд. Дзаумæттæ ауындзæныл — шинелтæ æмæ æдпъагæттæ китель. Цалынмæ йæ уæз- дандзинад асинтыл уæлæмæ хызти, уæдмæ æз та мæ цæст уыдæттыл ахастон. Афицер та.куыддæр бауадзыджы хуызæн ис. Æмæ та йын бæр- зы къалиутæ йæ сæрмæ атил-атил кæнын райдыдтой. Уалынмæ йæхи æрæмбæрста æмæ афтæ: — Ам цы слæууыдыстут? Дохтырмæ цæугæут тагъддæр! Зыков та мæ размæ асхуыста. Филатов дуар бакодта, æмæ æз ми- дæмæ бахызтæн. Дохтыр уыди бынтон зæронд. Гыццыл лæг, урс сæр ын. Ахæм гыц- цыл лæг уыди, æмæ йæ халаты фæдджитæ йæ къæхтыл тыхстысты. йæ разы æрдæгбæгънæгæй, йæхи нысхъæл кодта, афтæмæй лæууыди бæр- зæндтæарæзт уæнгджын лæг. Дохтыр æм трубкæйÆ хъуыста. Лæг улæ- фыди йæ риуы æмбæрц, раст богал Петухов Василийы хуызæн. — Дуар æрбахойын фæхъæуы, — загъта дохтыр; мах куы бацы- дыстæм, уæд. Фæлæ штабы афицеры куы ауыдта, уæд ныхас æндæрырдæм фæ- зылдта: — Бахатыр кæн, господин подпоручик. Æз афтæ æнхъæлдтон, æмæ исчи æнæ очырыдæй æрбацыди. — Нæ, нæ, фæрæдыдтæ, — загъта афицер. — Мах тынг тагъд хъуыддаджы фæдыл сæмбæлдыстæм. Дæ хорзæхæй, рынчыны ауадз æмæ нын баххуыс кæн. — Ныртæккæ, æгайтма уæ мæ сæр хъæуы, — фæцырд и дохтыр. Тагъд-тагъд рынчын-богалы йе ’нгуылдзæй бахостытæ кодта, цал- дæр раны йæ йодæй айсæрста æмæ йæ ауагъта. Йæхæдæг хихсæны раз- мæ бауад æмæ йæ къухтæ сапонæй æхсын байдыдта. — Цæй, хъусын уæм, — загъта дохтыр. — Мæнæ ацы адæймаджы уыныс? — райдыдта афицер. — Гъе уæдæ цалдæр минуты размæ не ’ппæты раз йе ’взаг бахордта. — Бамбæрстон... Æмæ бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ йæ куыд ахордта? Иууылдæр æви йе ’рдæг. — Уый дын нæ зæгъдзынæн. Чи зоны, æмæ йе ’рдæг. Фæлæ уый 22
уæлдай нæу. Дзурын нал зоны, æмæ йæзаманауый мидæгис. Афтæмæй та йæ хъуамæ мах фæрсгæ бакæнæм. Бамбæрстай? Гъемæ дæумæ уы- мæн æрбацыдыстæм... Кæд дæ бон у, уæд ма нын æй йæ амæлæты размæ иучысыл сдзурын кæн. Ахуырады руаджы йын исты бакæн. — Бафæлвардзыстæм, — загъта дохтыр æмæ йæ къухтæ æхсынмæ фæци. — Фендзыстæм, уый зын нæу. Фæлæ уын æргом куы зæгъон, уæд нæ ахуырад афтæ нæ амоны æмæ æнæ æвзагæй дзурæн ис. Кæй зæгъын æй хъæуы, фендзынæн æй, уый зын нæу. Фæлæ ахуырады цæстæй кæс- гæйæ, мæ бон нæу сымахæн исты зæрдæ бавæрын. Уынгæ та йæ цæ- уылнæ... фæкæндзынæн... — дзырдта æмæ дзырдта дохтыр. — Хорз. Фен æй. Æцæг фæ- тагъддæр кæнæн нæй, господин дохтыр? Чысыл тагъддæр, — мæс- ты кæнын райдыдта афицер. — Цæуылнæ ис? Фæтагъд- дæр кæнæн дæр ис... Æмæ йæ къухтæ сæрфын рай- дыдта. йæ иу æнгуылдз асæрфы æмæ та йæм æркæсы, стæй та ин- нæ райдайы. Уый фæстæ æртык- каг, стæй цыппæрæм æмæ афтæ дарддæр. Ныр афицер иу ран нал лæууы. йæ зæвæттæ зæххыл æр- цæвы, æмæ йе шпорæтæ фæзы- ланг кæнынц. Дохтыр æй хъуыды дæр нæ кæны. Цыдæртæ хъуым-хъуым- гæнгæ йæ къухтæ сындæггай сæр- фы. Стæй мæм хæстæг æрбацыд. — Цæй-ма, лæппу, дæ дзых байгом кæн. Æз æй гом кæнынмæ нæ хъавыдтæн. Стæй мæхинымæр ахъуыды кодтон: «Цæй бакæнон æй. Цы уæлдай ма мын у?» Æмæ йæ байгом кодтон. — Тынгдæр, уæрæхдæр! — дзуры мæм дохтыр. Æз æй, цас гæнæн уыд, уыйас байгом кодтон. — Ноджыдæр — загъта та дохтыр. Æз дæр уæд мæ тых-мæ бонæй ныххæлиу кодтон мæ дзых. — Гъе афтæ. Æгъгъæд у. Бузныг. Мæ дзыхмæ мын бакаст, йæ сыгъдæг æнгуылдзтæй йæ асгæрстытæ кодта æмæ загъта: — Æвзаг йæ бынаты ис. — Уый та куыд? — ныддис кодта афицер. — Нæ мæ уырны! 23
— Бауырнæд дæ. Æвзаг æнæхъæн у, æрмæст сцъæх, — загъта та дохтыр. — Ныр цытæ дзурыс? Рæдийыс, — ныллæууыд афицер. — Æз æй мæхæдæг федтон, куыд æй хордта, уый. — Уæдæ йæм уæд дæхæдæг æрбакæс. Æмæ йын дохтыр мæ дзыхмæ амоны. Афицер мæ дзыхмæ бакаст, æмæ ме ’взаг уым йæхицæн æнцад хуыссы. О, мæ кæнæг хуыцау, афи- цер ууыл цы дис ныккодта. йæ цæстытæ раст сасиры чъилыйæстæ аисты. — Искуы ахæм æмбисонд фендæуыд? Куыд хъуамæ рауадаид аф- тæ? Ацы иблисыл дыууæ æвзаджы уыдис æви? — Нæ, цытæ дзурыс? — загъта дохтыр. — Дыууæ йыл нæ уыдаид... Иу адæймагæн дыууæ æвзаджы не ’мбæлы. Уый медицинæйы мидæг фыст нæй. Æмæ уын кæд ахуырады æгъдауæй уыцы хъуыддаг бамба- рын кæнынмæ мæ ныфс нæ хæссын, уæддæр уын зæгъдзынæн — æвзаг йæ бынаты ис. — Тфу! — ату кодта афицер. — Уæдæ мæ сайгæ акодта, сайгæ?! Уæдæ дзурын йæ бон у, зæгъыс? Дзурын дæ бон у, æнаккаг? — æрба- уырдыг мæм ис афицер. — Бæгуыдæр у, — сдзырдтон æз. Стæй ма йын, бахатыр кæнут, фæлæ ахæм ныхас загътон, æмæ мæхæдæг фæсырх дæн. Æмæ куыд æнхъæлут? Уæ зæрдæйæ мæсты сси? Гъе хъæр скодта, кæнæ хыл кæнын райдыдта? Æппындæр нæ. Худæгæй бакъæцæл. Раст ын цыма исчи фынддæс сомы авæрдта, уыйау ныццин кодта. — Ай фын у æви цы? — дзырдта афицер. — Нæ мæ уырны, йæ ныхас ын æцæг фехъуыстон, уый. Ногæй та ма исты зæгъ, — æрбакасти мæнмæ. Æмæ та йын уыцы æвзæр ныхæстæ ногæй загътон, стæй ма сæм æфтаугæ дæр акодтон. Ды, зæгъын, дæ уæздандзинад, фаджысæй фыд- дæр дæ. Ды, зæгъын... Уый, бахъуыды кæнут, не ’смæсты ис, нæдæр хыл, нæдæр лæбурд- тытæ. Бæхы мыр-мыр кодта. — Ноджыдæр! Ноджыдæр! Фæлæ мæм æвзæртæ дзурын дæр нал цыди. Марадз, уыимæ дзæнгæда цæгъд. Цыдæртæ ма багуым-гуым кодтон мæ фындзы бын. Уæд афицер йæ худынæй банцад, йе ’хсаргард йæ фарсыл асгæрста æмæ скъаманды кодта: — Дæ хорзæхæй, господин дохтыр, ацы хайуаны фен, æрсабыр æй кæн, стæй-иу æй штабмæ рарвит. Сымах та йæ дзæбæх хъахъхъæнут. Филаюв ам баззайæд, Зыков — æддейы лæууæд. Уый§фæстæ-иу æй, Зыков, штабмæ æрбакæн. Афицер йе ’хсаргард йæ астæуыл афидар кодта æмæ уæртæ фæуа- йы. Йæ фæдыл — Зыков. Дуар ын байгом кодта. Тыргъмæ дæр йæ фæстæ ауад. Уæд дын тыргъæй кæйдæр хъæр куы фæцæуид: 24
— А-ахх! — зæгъгæ. — Цы у уый? Цы æрцыди? — дзуры дохтыр. Зыков æм æрбахъæр кодта: — Ницы! Ницы! Ма тыхс. Мæнæ йæ бæрзонддзинад йæ къах цæ- уылдæр скъуырдта. — Исчи дæр ма афтæ згъоры? — йæ сæр ныттылдта дохтыр. Мах æртæйæ баззадыстæм: æз, Филатов æмæ дохтыр. Дохтыр, зæгъгæ, уый æгæр стыр ныхас у. Хуыцауыстæн, æнæ худ- гæйæ йæм кæсын нæ фæрæзтон. Амал фæци, зæгъгæ, уæд йæ амарын хæрз æнцон уыди. Хъæдын уидыгæй йын йæ сæрæн иу ратт, æмæ фæци. Фæлæ мын ницы гæнæн уыд. Иуæй Филатов, йæ дамбаца йæ къу- хы, афтæмæй цæджындзы хуызæн лæууыд. Иннæмæй та рудзынджы бын æдде рынчынтæ бадтысты, сæ дзурын мæм дзæбæх хъуысти. Ру- дзынгыл алыхуызон банкæтæ, хостæ æмæ æндæр цыдæртæ æвæрд, — агæпп кæнæн ыл нæ уыд. Нæй, ницы уади мæ хъуыддагæй. Æмæ æнцад лæууыдтæн. Дохтыр мæ дзæбæх кæнын райдыдта. — Афтæ уæдæ, лæппу, дæ дзых байгом кæн. — Цæмæн уæд? Цы дæ дзы ферох ис? — фæрсын æй æз. — Мæхи цæстæй йæ хъуамæ фенон. — Гъемæ хорз. Фен æй. Æмæ мæ дзых ныххæлиу кодтон, ме ’взаг раластон. — Де ’взаг æцæгæй дæр æнæхъæн у. Дæ хæрзæггурæггаг мæн. Фæ- лæ тынг цъæх у. Цыма йæ чернилайæ ныхсадтай, уыйау. Чернила фæ- хæрыс, миййаг, лæппу? Хе-хе-хе! зæгъгæ бахудти. — Нæ хæрын. — Афтæ уæдæ. Дæ мылытæ дæр рæсыд. Мæнæ ма ацы пирамидон аныхъуыр, — дохтыр мæм æрбадаргъ кодта хос. Æз æй ахордтон. Æмæ ницы уæлдай фæдæн. Ахæм æххормаг сдæн, æмæ дохтырæн раст йæхи дæр ахордтаин. — Уацайраг дæ? — фæрсы мæ дохтыр. — О, уацайраг. Уæдæ уæм уазæгуаты æрбацыдтæн? — Иуныхасæй ды большевик дæ, нæ? — Уыдтæн бæгуыдæр. — О, хæдæгай, бадгæ скæн. Цæмæ лæууыс? Мæнæ табуреткæ æмæ, дæ хорзæхæй, æрбад. — Бузныг, нæ бадын. Ме ’рбадæныл ностæ ис, зæрдылдарынæн. Æмæ мæ бадын нæ уадзынц. Фæлæ ма æгасæй куы баззаин, уæд мæ бæргæ ницы ферох уаид. Мæ зæрдыл дарин æппæт дæр. Сымах бахатыр кæнут, зынаргъ чиныгкæсджытæ, фæлæ мæ хæлаф æруагътон æмæ мæ ностæ дохтырмæ равдыстон. — О, хуыцау, искуы дзы ахæм дурзæрдæтæ уыдзæни. Ныр дын Филатовы сæрхъæн куы ныммыр-мыр кæнид: — Хо-хо-хо! — Цы кодтай? — бакастис æм дохтыр. — Бахатыр кæн, *дæ уæздандзинад, ферхæцыдтæн. 25
Дохтыр йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта æмæ мын афтæ зæгъы: — Цæй, кæд дæ нæ амарой, уæд та-иу æрбауай, æз та дын пира- мидон авæрдзынæн. — Хорз. Æрбауайдзынæн. Æз хынджылæг кодтон. Мардæй ма кæдæм хъуамæ цыдаин, фæлæ зæрæдты цæмæн тæрсын кодтаин! Æз бынтон амæлынмæ сцæттæ код- тон мæхи. Æгасæй баззайыныл мæ зæрдæ æппындæр нал дардтон. Мис- халы бæрц дæр нал. — Цæй, уæдæ, — загъта дохтыр. — Уæ бон у ацæуын. Иæхæдæг хихсæнмæ йæ гыццыл къухтæ бадардта. Филатов мын дкъаманды кодта: — Мæ разæй араст у! Æмæ йæ дамбаца уыцы цæттæйæ дары. Мах тыргъмæ рахызтыстæм, стæп та уынгмæ. Зыков бадти рынчынты æхсæн æмæ сын худæджы ныхæстæ кодта. Уыдон дæр худтысты, сæ дзыхтæ ныххæлиу кодтой. Зыков мах куы ауыдта, уæд йæ ныхас æрбаппæрста: — А-а, комиссар! Нæ сæртæй дын кувæм! Цæй, куыд у, сызгъæрин пломбæ дын сæвæрдтой? Æмæ та иууылдæр ныххудтысты: — Ха-ха-ха! Филатов дæр худы. — Ахæм пломбæйæ дын дæ хъæлæс куы бампъузиккой, уæд бæргæ хорз уаид... Тамбоваг къæбæда! — смæсты дæн Зыковмæ. Иууылдæр та ныххудтысты. — Хорз дын загъта, тынг хорз! — схор-хор кодтой алырдыгæй. — Æз тамбоваг дæн, фæлæ ды та кæцон дæ, ды? — æрбадзырдта мæм Зыкон. — Цы, уый зоныс? Демæ дзурын мæм нæ цæуы, зæвæттæ стæрæг, бандит! — алывыд ын акалдтон æз. Зыков сырх-сырхид афæлдæхт. Сыстад, йæ топп систа æмæ мæ размæ æрбацыд: — Цæй-ма! Иннæрдæм азил! Ныр размæ гъæй кæн! — йæхæдæг топ- пы затвор æркъæпп кодта, ома, бирæ куы дзурай, уæд дыл зды пломбæ ныххуырсдзынæн. Æз араст дæн. Зыков дæр мæ фарсмæ. Æз галиуырдыгæй, Зыков рахизырдыгæй. Уалынмæ кæсын, æмæ нæ кæдæм хъуыди, уырдæм нæ, фæлæ æндæрырдæм фæцæуæм. Æмбарут! Штабмæ нæ, фæлæ бынтон æндæрырдæм. Хъæу кæм фæвæййы, уыцырдæм. Хъæугæрон цы иугай хæдзæрттæ зынди, уыцырдæм. «Ай цы хабар у, — хъуыды кæнын мæхинымæр, — кæдæм цæ- уæм?» Зыковы бафæрсын мæ нæ фæндыди. Куыддæр æй мæ сæрмæ нæ хастон. Æмæ ницы дзурын. Уæд Зыков йæхæдæг афтæ зæгъы: — Тагъддæр цæуын дæ бон нæу? 26
— Æндæр ма мæ цы мæт ис! Æххæст ма згъоргæ дæр куы акæ- нин, — сбустæ йыл кодтон æз. — Тагъддæр цу, сæрхъæн! Æз мæ цыд чысыл фæтагъддæр кодтон. Мæхæдæг хъуыды кæнын: «Цымæ афтæ тагъд кæдæм кæнæм? Чындзæхсæвмæ, миййаг, куы нæ цæуæм». Уыцы хъуыдытæ куыд кодтон, афтæ дын кæсын æмæ нæм комком- мæ иу зæронд урссæр инæлар æрбацæуы. Быдыргъы хуызæн, йæ уæлæ цъæх мидæггаг хæлаф. Фыдуынд, лыстæджытæарæзт. йæ къах сæп- пар-сæппаргæнгæ æрбацæуы. — Кæдæм? — фæрсы нæ. Зыков йæ разы æмраст алæууыд æмæ тагъд-тагъд ралæхурдта: — Мæнæ мын уацайраг большевичы рарвыстой, дæ бæрзонддзинад! — Тъæпæн хъæумæ? — Раст афтæ, дæ бæрзонддзинад, тъæпæн хъæумæ! — Хорз, хорз, цæугæ уæдæ... ма фæивгъуи. Æмæ мæм уыцы хъæлдзæгæй æрбакаст, цыма карк кæнæ хъаз уыд- тæн æмæ мæ сихорыл хъуамæ хæргæ бакодтаид. — Цæугæ, хуыцауы уазæг у... Æрмæст дæ къух ма ризæд. Уымæн æмæ адæймаджы нæ, фæлæ хæйрæджы марыс. Бамбæрстай? — загъта инæлар Зыковæн. — Раст афтæ! Бамбæрстон! Хæйрæджы марын! — йæхи фесхъæл кодта Зыков. — Цæй фæндараст. Инæлар та йæ къах сæппар-сæппаргæнгæ дарддæр араст. Мах дæр нæ цыды кой кодтам. Æмæ уын раст куы зæгъон, æмбæлттæ, уæд мæ цæуын нæ фæнды- ди. Мæ къæхтæ мæ размæ нæ хастой. Ноджы æвæджиауы хорз бон скодта. Дыргъцæхæрадæттæ уыдысты сæ тæккæ дидинæг калгæйæ. Бæлæсты сыр-сыр цыди. Цъиутæ сыл ра гæпп-багæпп кодтой. Гъемæ ахæм бон æз та хъуамæ мæлгæ акодтаии. Ехх, æвæдза, гъе!.. Никуы мæ ферох уыдзæн, æз уæд цы зæрдæйы уагимæ фæцæйцыдтæн, мæ сæры цы хъуыдытæ уыди. Æз цæуын разæй, Зыков мæ фæстæ. йæ топпы дзæгъ-дзæгъ мæм хъуысы, йæ англисаг батинкæтæ хъыс-хъыс кæнынц. Ныр дзургæ ницьг кæны уыцы æнаккаг Зыков. Уæд та иу ныхас куы скæнид хи аирхæфсы- ны тыххæй. Уæд та хъæр куы ныккæнид. Хъæуы æдде сæрвæтмæ рахызтыстæм. Стæй къахвæндагыл цæхæра- дæттæ æмæ зымæгон сараты рæзты ацыдыстæм. Уæддæр, уыцы цъам- мар Зыков чи у, уый æппындæр ницы дзуры. йæ батинкæты хъыс-хъы- сæй сфæлмæцыдтæн. Охх, æвæдза, мæ зæрдæ цы æнкъард уыди!.. «Гъей, Трофимов Петя... Будёновец! Дæ сæрыл схæц!» — ныфсытæ æвæрын мæхицæн. Фæлæ уымæй дæр ницы уайы, сæр та риуыл æрхауы. Алы æвзæр хъуыдытæ сæрæй нал хицæн кæнынц. 27
«Охх, куыд зын у уæдæ, Трофимов, искæйы губернийы мæлын, — дзурын мæхинымæр. — Уæвгæ губернийæн нæ тæригъæд кæнын. Цæй губерни ис мæнæн? Пълотник, сисамайæг кæнæ фиййауæн цæй губер- ни ис, йæ мад амæла! Хæринаджы тæф кæцæй цæуа, уырдæм йæ ных саразы. Мæ фыд иу ран ныгæд у, мæ мад иннæ ран. Хæстон æмбæлттæ йедтæмæ мын ничиуал ис дунейыл. Æмæ уыдон дæр къæппæджы ба- хаудысты. Раирвæздзысты ма уырдыгæй, уый бæрæг нæу. Хæрзаг зын у ныртæккæ æмбал Заварухинæн Тырийы хъæуы. Галиуырдыгæй Шкуро лæбуры, рахизырдыгæй—Мамонтов, разæй та сæ Улагай æлхъивы. Æмæ, чи зоны, уым аххосджын æз дæн. Чи зоны, хъуыддаг æз ныссуйтæ код- тон». Фæлæ цымæ уæддæр кæдæм цæуæм, кæдæм? Хъæу фæсте аззади, куиты рæйын нæм нал хъуысы, уæддæр мах цæуæм æмæ цæуæм. Диссаг у, сымахыстæн... «Гъер мæнæ ам, къутæрты æхсæн, цы кæны? Исты æвзæр бынат у?» — хъуыды кæнын æз. Кæнæ, зæгъæм, уæртæ уыцы къæбырттæг бæ- ласы фæстæ... Æз, æмбæлттæ, мæхæдæг дæр тъæпæн хъæумæ иу æмæ дыууæйы нæ барвыстон. «Мæнæ ам, къутæрты фæстæ, кæнæ уартæ уыцы æрхы сæрмæ зам- манай хорз у адæймаджы ныффу кæнынæн. Зыков мæ уырдæм дзæгъæ- лы нæ кæны». Ныр мæ Зыков æцæгæй дæр уырдæм кодта. Уыцы æрхмæ. — Гъеныр ма æрлæуу! Æз æрлæууыдтæн. Лæууын æнцад. «Цæй, Будённыйы фæдон, хæрзбон зæгъ а дунейæн», — загътон мæхицæн. Фæлæ хæрзбон кæмæн загътаин? Мæ алыварс кæрдæг йедтæмæ ни- цы уыд. Æз фæстæмæ фæкастæн. Зыков йæ топп йæ дæларм бакодта, йæ къух йæ роны ауагъта æмæ дзы цыдæр сласы. — Гъа, — æрбадаргъ мæм кодта йæ къух, — ныффидар сæ кæн. Цымæ цы у? Кæсын æмæ — пъагæттæ. Æмбарут? Хæрдгæхуыд пъагæттæ, æрт- тиваг æгънæджыты хуызæттæ сыл. Стæй йæм ноджы цыппар францу- саг булавкæйы. — Цæй, — дзуры мæм Зыков. — Æрсадз сæ! — Кæй? Æз æппындæр Зыковы не ’мбарын æмæ йын афтæ зæгъын: — Цы, уый зоныс? Æгъгъæд у хынджылæг кæнынæн. Уый дын мын афтæ: — Тагъддæр пъагæттæ бакæн, æрра, цалынмæ ныл нæма ныккалд- той, уæдмæ. Дæумæ нæ дзурын! Æз уæддæр æнцад лæууын, раст сæлхæры хуызæн. — Æри, мæхæдæг дыл сæ аныхасон. Æргуыбыр кæн. Тагъддæр!.. 28
Æз æргуыбыр кодтон. Зыков мыл уайтагъд дыууæ булавкæйæ га- лиу пъагон афидар кодта, иннæ дыууæйæ та — рахиз пъагон. — Ныр лидзæм, — дзуры мæм Зыков. — Кæдæм? — Куыд кæдæм? — æрбакасти мæм Зыков. — Будённыймæ, æн- дæр кæдæм. Ехх, æмбæлттæ, скæуынмæ мæ бирæ нал хъуыди. Кæм лæууыдтæн, уым зæххыл æрбадтæн æмæ, хуыцауыстæн, уæлæмæ сыстын мæ бон нал уыд. — Æфсымæр! Мæхи гыццыл æфсымæр! Ау, нæхиуæттæй дæ? — цин жæнын Зыковыл. — Ард дын хæрын, нæхиуæттæй... Сыст цæй, згъорæм Будён- иыймæ. — Нæ, зæгъын! Фæлæуу... Мæ бон нæу цæуын. — Цæуылнæ? Цы кæныс? — Мæ гуыбыны цыдæртæ змæлы. Æмæ æцæгæй дæр, мæ гуыбын змæнтын байдыдта. Æвæццæгæн дзы бецъеби батади. Уымæн æмæ мæ хъуыр, мæ риу æмæ мæ гуыбын артау осыгъдысты. Мæ тъæнгтæ цыма кафгæ кодтой æмæ гæбазгай хаудысты, уыйау мæм касти. Афтæ срыстысты, æмæ уын куыд зæгъон. Слæууын мæ бон нал уыдис. «Ау, знаджы нæмыгæй куы фервæзтæн, уæд ныр цавæрдæр гуыбын- низæй хъуамæ амæлон! Нæ, мæнмæ мæлын нæма цæуы!» Сыстын та афæлвæрдтон. Тыхамæлттæй слæууыдтæн мæ уæрджы- тыл, фæлæ та фæстæмæ æрхаудтæн. — Афтæмæй дын дзы ницы рауайдзæн, мæнæй уый! — загътон мæ- хицæн. — Сыст уæлæмæ, мачи дæ уа! Ногæй мæ уæрджытыл слæууыдтæн æмæ та ногæй æрхаудтæн. — Гъер æз æвзæр нæ дæн! — смæсты дæн мæхимæ. Æмæ куыннæ мæсты кодтаин, будёновец йæ къæхтыл слæууын ма фæразæд! Уæд ма цæуыл дзурæм, фæци мæ цард æндæр. — Цы гæнæн ис, æмбал Зыков, хæрзбон зæгъæм кæрæдзийæн. Уый мын афтæ: — Цæй, уыдæттæн ма нын рæстæг уыдзæн. Фæлæ дæм хъыг нæ фæкæсдзæни, ме ’ккойы дæ куы ахæссон, уæд? — Нæ, уымæй ницы рауайдзæн, стæй хъæугæ дæр ницæмæн кæны. Æз уæддæр нал фервæздзынæн. — Ныууадз, дæ хорзæхæй. Уый дæ гуыбыны телеграммæ змæнты,— зæрдæтæ мын æвæры Зыков. — Æндæр дын мур дæр ницы у. — Цавæр телеграммæ? — Кæй бахордтай, уыцы телеграммæ. — Гъер ды сæрхъæн нæ дæ. Уый телеграммæ нæ уыди, фæлæ па- кет. Сусæг писмо æмбал Будённыймæ. Æмæ йæ æз бынатыл нæ сæм- бæлын кодтон, бамбæрстай? Æз дæн сау халон. Нæ дивизийы ахсджиаг хæстон хъусынгæнинæгтæ бахордтон. Мæнæн амарын дæр гыццыл у. Æз Зыковæн æппæт дæр радзырдтон. 29
— Ныр мæ, хуыцауы тыххæй, ныууадз. Лидзгæ дæхæдæг, цалынмæ ма æгас дæ, уæдмæ. Уый мæм ницы сдзырдта, фæлæ мæ йæ хъæбысы фелвæста, голла- джы хуызæн мæ йе ’ккоймæ сæппæрста æмæ мæ къудзитæм фæхæссы. Адагæй ахызтыстæм. Стæй къуыбыртыл æмæ бындзæфхæдтыл гæппытæ- гæнгæйæ уыциу тахт аласта... йæ мард фесæфа уастæн! Уый куыд тагъд згъордта, афтæ бæх дæр не ’згъордзæн. — Зын дын нæу, Зыков? — дзурын æм æз. — Мæлæты уæззау, æз дæуæй уæззаудæртæ федтон, — багуым- гуым кодта Зыков йæ фындзы бын. — Дæ фæллад суадз, — загътон та æз. Куыддæр мæм худинаг касти йе ’ккойы бадын. — Суадз дæ фæллад, стæй та дарддæр ацæудзыстæм. — Дæ дзыхыл хæц, уæртæ уыцы хъæдмæ куы бахæццæ уæм, уæд фендзыстæм. Ныр уыцы хъæдмæ та дыууæ верстæй къаддæр нæ уыд. Фæлæ Зыков афтæ тагъд уади, æмæ дæс минутмæ хъæды ба- лæууыдыстæм. — Тр-р-р, æрхæццæ стæм, — зæгъгæ, бакодтон æз. Зыков мæ зæхмæ æрæргъæвта, æмæ, уый бахъуыды кæнут, тынг дзæбæх слæууыдтæн мæ къæхтыл. Гъе уый уæм диссаг нæ кæсы? Æвæццæгæн, цалынмæ Зыковы æккой бадтæн, уæдмæ мæ гуыбынъ* рыст фенцаддæр. — Нæ хъуыддаг цæуы. Иыр дарддæр згъорæм. — Фæлæуу... Мæ бон нæу, — загъта Зыков. — Цæуылнæ у дæ бон? — Уымæн æмæ дын бæх нæ дæн, миййаг, — загъта Зыков. --- Æнæ мæ фæллад суадзгæйæ мæ бон нал у. Кæсын æм, æмæ æцæгæй дæр йæ хид акалди. Мах бæласы бын æрбадтыстæм. Æз мæхи кæрдæгыл æруагътонг Зыков та йæ чъисса сласта æмæ йæ лулæйы тамако надта. — Уæддæр, Зыков, чи дæ, уый нæма æмбарын. — Æз? Æз — гадзрахатæйцæуæг дæн. Мамонтовæн англисаг ши- нелыл мæхи ауæй кодтон, — загъта Зыков. — Гæды ныхæстæ кæныс. — Чи зоны, æмæ гæдытæ дæр дзурын. Фæлæ урсытимæ ныр цып- нар мæйы мæхи æгъдауæй нæ дæн, кæнгæ мæ ракодтой. Æмæ мын Зыков йæ хабæрттæ сæрæй-бынмæ радзырдта... Германы хæстæй сæхимæ куыд æрыздæхт, йæ хæдзары куыд ни- цыуал æрæййæфта. йæ ус тифæй куыд амарди. Сауджынмæ æххуыр- сты куыд куыста... Æмæ ноджы бирæ цыдæртæ... Стæй йæ уый фæстæ хъазахъхъаг акодтой, йæ къухты йын топп ныссагътой æмæ йын загътой, большевикты мар, зæгъгæ. — Æхс, дам, сæ! Топпыхосыл, дам, ма ауæрд! Уымæн æмæ, дам, болылевичытæ адæм не ’сты. Уыдон, дам, адæмы знæгтæ сты, — дзырд- та Зыков. 30
Зыков мæ йе ’ккоймæ сæппæрста æмæ мæ къудзитæм фæхæссы.
— Æмæ сæ ды дæр æхстай, и? — Не ’хстон, æз сæ æрмæст топпы хъæдæй... — Куыд ома? Æмæ цы уæлдай у, уый марын нæ хуины? — Ард дын хæрын, — ратыхсти Зыков, — æрмæстдæр иунæг адæймаджы амардтон. Уый дæр нæхи афицер уыди — подпоручшс Гибель. — Уый та цавæр Гибель у? — Мæнæ дæуæн де ’хсæрфарс чи ныдздзæхст ласта, уый. — Куыд? — фæдис кодтон æз. — Дæ къухы куыд бафтыд йæ амарын? — Дохтырмæ куы уыдыстæм, уæд уым, тыргъы. Цалынмæ ды пи- рамидон ныхъуырдтай, уæдмæ йын топпы хъæдæй йæ сæр æркъуырдтон. Ахæм ма дзы хъæбатыр гуырд уа! Подпоручикы иу цæфæн куыд афæлдæхта. Хъуыды-ма кæнут, дохтыр афтæ куы бафарста: уый Ч1Г хъæр кæны, зæгъгæ, уæд уый Гибелы хъæр уыди. Зыков æй уæд бан- доны бын тъыста. — Пъагæттæ дæр дын уыцы тыргъы ссардтон, — загъта та Зы- ков. — Ма тæрс, марды пъагæттæ не ’сты. Дохтыры китель уым ауыгъд уыди, æмæ сæ уымæй ратыдтон. Ныр чи дæ, уый зоныс? Ды ныр дохтыр дæ, — ныххудти Зыков. — Æмæ ма мæ уæд цы хынджылæг кодтай, хæйрæджыты амæт- таг фæуай. Мемæ загъд-замана куы самадтай? — Самадтон æмæ цы? Уæдæ дæ куыд фæндыд? Пъатæ дын хъуа- мæ кодтаин? Мæ зынаргъ æмбал, зæгъгæ, дæм дзырдтаин? Уæд, мæ- хæлар, нæ дыууæйы дæр иу бæрзыл ацауыгътаиккой. — Уымæй дæр раст зæгъыс, — сразы дæн Зыковы ныхæстыл. — Уый зон, дæ сæр хорз кусы. Уæд мын Зыков афтæ: — Æз цæуыл хъуыды кæнын, уый зоныс? Ныр сымахуæттæм куы балидзон, уæд мæ нæ фехсдзысты? — Цытæ дзурыс? Исты инæлар дæ? йе булкъон? — Нæ, мæнмæ кæстæр чин ис. — Гъемæ дæ уæдæ цæмæн хъуамæ фехсой? Мах знæгты марæм, капиталистты, ды та чи дæ? Капиталист, миййаг, дæ? Каенæ буржуй- ты къласæй? — Æз ахæм ныхæстæ не ’мбарын, — загъта Зыков. — Æз каст фæдæн хъæууон скъола, дыууæ къласы. Стæй мæ мæ фыд фиййау радта. — Уæдæ нæ дыууæ дæр иу куыстыл хæст уыдыстæм. Æз дæр фий- йæутты скъола ацыдтæн. Æмæ канд æз? Не ’фсад иууылдæр фиййæут- тæй, маляртæй æмæ сисамайджытæй у. Цы хорз цæстæй дæм ракæс- дзысты, уый зоныс? Уымæн æмæ нæхицæй дæ. Музуккаг. Будённыйы æфсадæй хуыздæр никуы ссардзынæ. — Раст зæгъыс. Хъазахъхъимæ мæнæн ницы ис. Будённыймæ баха- уынмæ рагæй бæллын. Тынг мæ фæнды йæ фенын. Цавæр у цымæ Бу- дённый? Ды йæ искуы федтай? — фæрсы мæ Зыков. 32
— Федтон. Æрмæст къулыл. Иæ хуызист. Не штабы къулыл ауыгъд ис. Урс бæхыл бадгæйæ. — Æмæ исты раджы дæр афицер уыди? — Цытæ дзурыс? Æрра дæ. Раджы нæ уыд, фæлæ ныр æнæхъæн æфсадæн къаманды кæны. — Уæдæ уæд инæлар уыдаид? — Цæй инæлæрттæ йедтæ кæныс, цæй? Раздæр æххуырст уыди. Баууæнд мыл, нæхи губернийы музуккæй у. Уæвгæ, цæй, дæхæдæг æй фендзынæ. Кæд Луганскмæ бахæццæ уæм æмæ Будённыйы ссарон, уæд дæ æнæмæнг йемæ базонгæ кæндзынæн, — зæрдæ бавæрдтон Зы- ковæн. — Уæдæ уæд цы, уый зоныс? — фæцырд ис Зыков. — Цом тагъд- дæр æмæ фæндаг ацагурæм. — Цом. Ныр мæхæдæг сыстын нал фæразын. Мæ рыстытæ мыл æртæфс- тысты. Уæд мыл Зыков схæцыд, æмæ тыхтæй-амæлттæй акъахдзæф кодтон. Хъæды астæуты фæцæуæм æмæ иу дзæбæх æрдузмæ рахæццæ стæм. Зыков мæ фæрсы: — Раст зæгъ, нæ хъахъхъæнæджы нын цæмæн фæкуырис кодтай? Дæ хæйрæджытæ дæ ацардыдтой? — Æз æй ницы фæкуырис кодтон. Уый йæ, æвæццæгæн, уыцы æр- ра лæг амардта. Куыддæр уыцы ныхас мæ дзыхæй схауди, афтæ дын къудзиты æхсæнæй иу лæг куы рацæуид. Уый размæ мæн чи фæтæрсын кодта æмæ æз дамбацайæ кæмæ хъавыдтæн, уыцы æрра лæг, хъуыды ма йæ кæнут? Комкоммæ нæм æрбацæуы. Скъуыдтæ дзаумæттæ йыл, йæ сæр пыхцыл. Æмæ та йæ мидбылты худы. йæ фындзы бын та цыдæртæ гуым-гуым кæны, йæ сыф-сыф цæуы. Æз фæтарстæн. Æрлæууыдтæн. Фæлæ мæхи ницыхуызон фæкод- тон. — А-а! Уый мæ зонгæ куы у. — Чи у, чи? — æрбакасти мæм Зыков. — Уæ хъахъхъæнæджы уын дурæй уый амардта. Стæй æррамæ дзурын: — Уый куыд у, уый, æфсымæр. Искæйы номæй адæмы цæмæн марыс? Мæн дæу тыххæй мæ фындзæй фæцæйауыгътой, уый зоныс? Цæмæн марыс адæмы? Уæд дын уый афтæ: — Бæгуыдæр мардтон æмæ мардзынæн. Æз уе ’ппæты дæр ныц- цæгъддзынæн, Мамонтовы байзæттæгтæ. йæхæдæг мын мæ галиу уæхскмæ йæ цæстытæ ныццавта. Мæ га- лиу уæхскæй та пъагон цæхæртæ калдта. — Æз сымахыл дæр нæ бацауæрддзынæн. Сымах дæр дзæнæтмæ 3 Пакет 33
<5арвитдзынæн, куыдзы хъæвдынтæ, — æмæ дурмæ фæгуыбыр кодта. — Ма ныццæв! — хъæр æм кæнын æз. — Ма ныццæв, сæрхъæн! Фæлæ уалынмæ зыввытт, зæгъгæ, æмæ мæ тæккæ сæрмæ дур атахт. Гыццыл ма бахъæуа, мæ сæры фахс мын ахæсса. Æрбамæсты йæм дæн. — Æ, уæртæ фыдбылыз, гъе! Иу ран æрлæуу, æрра! Уый дын къанаумæ азгъордта, йæ дыууæ къухы дзаг дуртæ фел- вæста æмæ ныл уырдыгæй куы ралæууид. Мæнæн дыууæ хатты мæ хьусыл сæмбæлд, Зыковæн та, æнхъæлдæн, йæ риуыл æви йæ фын- дзыл. — Æрцахсæм æй, цæмæ ма йæм кæсæм! — дзурын Зыковмæ. Мах ыл нæхи баппæрстам. Зыков ын йæ къæхтæм фæлæбурдта, æз та йын йæ астæуыл фæхæст дæн æмæ йæ абырсыныл архайын. Ахæм тыхджын уыд æмæ диссаг. Æрратæ иууылдæр тыхджын сты. йæхи феуæгъд кæныныл архайы, уынæргъы, дæндагæй хæцы. Иуныха- сæй йын ницы мæ бон у. Уымæй хъæлæсы дзагæй хъæр кæны: — Æнаккæгтæ, куитæ! Буржуйты фæсдзæуинтæ!.. Æз дæр уæд мæ рон райхæлдтон. Гæрз рон мыл уыди, æмæ йæ тыхтæй-амæлттæй уымæй сбастам. Цæмæй хъæр ма кодтаид, уый тых- хæй та йын йæ дзыхы кæрдæг ныннадтам. Æмæ йæ афтæмæй къана- уы ныппæрстам, — ома уым дæ фæллад суадз, зæгъгæ. Куыддæр дарддæр араст кæнынмæ хъавыдыстæм, афтæ нæ хъус- тыл къæхты хъæр ауад. Кæсæм, æмæ бæхджын хъазахъхъæгта: ком- коммæ махырдæм æрбатæхынц. — Æрлæуут! — зæгъгæ нæм хъæр кæнынц. — Чи стут? Кæцæй цæут? «Гъеныр дзы бахаудтæ, гъе, Трофимы-фырт» — хъуыды кæнын æз. Зæххыл дзуццæджы бадгæйæ баззадтæн, мæ бон сыстын нал сси. Фæлæ Зыков йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта. Уыцы уæндонхуы- зæй сын афтæ зæгъы: — Мах инæлар Мамонтовы сæрмагонд къулертæ стæм. — Æмæ кæдæм цæут? — Курбатовы хъæумæ. Булкъон Штепсельмæ хъусынгæнинаг хæссæм. — Уæдæ афтæ: нæ фæдыл уал штабмæ цомут! — Штабмæ та ма цæмæн? — Уым æй равзардзыстæм. — Сæхæдæг мын мæ пъагæттæм кæсынц æмæ худынц. Ома, мах ахæм хъуыддагыл ахуыр стæм. Ома нæ ахæмтæй нæ фæсайдзыстут. Зыков дæр æдылы нæ уыди. Уый дæр мæ пъагæттæм ныккаст æмæ йæхи цæуылдæр хъуыдыгæнæг скодта. — Уартæ чи бады, уый зонут, — ацамыдта сын мæнмæ. — Уый Де- никины æфсады æппæты хистæр дохтыр у. Сырхытæм уацары уыди æмæ ралыгъд. Ныр Деникинмæ тагъд кæны. Æз та йын фæндагамонæг æмæ хъахъхъæнæг дæн. Æмбарут? 34
— Гæды ныхæстæ кæ- ныс! — нæ йыл баууæндыды- сты хъазахъхъæгтæ. — Куы нæ бауромат, уæд уæм дзы Мамонтов афтæ рат- дзæн, æмæ уæ буарыл цъæхс- наг уистæ куыд сæттой. — Тæр- сын сæ кæньг Зыков. — Æц- цæй, нæ, господин дохтыр? — æрбадзырдта мæнмæ. Æз куыддæр фæтыхстæн æмæ, цы загътаин, уый нал зыдтон. — Афтæ, афтæ, — гæды æвдисæн фæлæууыдтæн Зыко- вæн, — йæ размæ фыццаг цы бæлас фæуа, ууыл уæ æрца- уындздзæн. Сымах талынг фо- сы мыггаг стут, æндæр уын уæздан адæймагæн ахæм митæ кæныны бар чи радта? Ахуыр- дзинад уый никуы бауадздзæн. Хъазахъхъæгтæ дæр дын сæ худтæ систой æмæ сæ къæ- буттæ аныхтой. Нæ амондæн ма ноджы иу х!>азахъхъаг кæ- цæйдæр фæзынд, Зыковы зонгæ. — А-а, уый Зыков куы дæ, — зæгъгæ, йæм фæдзырдта. — Салам, Петров (æви Иванов уыди, нал æй хъуыды кæнын).— Искуы ма дзы ахæм диссаг уыди: нæ мыл æууæндынц. Уæд сын уый афтæ: — Æмæ йæ нæ зонут? Уый Зыков у. Фыццаг эскадронæй. Нæ кап- тёры хъæуккаг. Бандитты æцæгæй дæр бауырныдта, æз дохтыр кæй дæн, Зыков та мæ адъютант, уый. — Табуафси, — загътой уыдон. — Цæуыны бар уын ис. — Ныб- бар нын, дæ уæздандзинад, — хатыр курынц мæнæй. — Барæй нæ уы- дыстæм. — Цæй, цы гæнæн ис... Афтæ дæр рауайы. Ахуырдзинад ахæм рæ- дыдтæ бары. Мæхæдæг фæраст дæн. Зыков мæ фæдыл, æцæгæй дæр адъютанты хуызæн. Уыдон ма нæ фæдыл хъæр кæнынц: — Байхъусут-ма! Ей, байхъусут-ма! — Цы ма уæ хъæуы? — разылдтæн сæм фæстæмæ. Зыков мын мæ хъусы дзуры: 35
— Лидзгæ! Лидзгæ кæн, лæппу! — Господин дохтыр, рахизырдæм ма ацæут, — фæдзæхсынц нæ хъазахъхъæгтæ. — Цæуылнæ? — Уым доны фале Будённыйы æфсæдтæ æрбынат кодтой. — Будённыйы æфсæдтæ, зæгъут? — мæхи дисгæнæг акодтон æз. — О, хуыцау! Цæй, хорз, уыцырдæм нæ бацæудзыстæм. Бузныг уын. Цæугæут. Хъазахъхъæгтæ сæ бæхтыл сбадтысты æмæ ацыдысты. Мах Зыковимæ къанаумæ ныггæппытæ кодтам. Æрра лæджы кæм ныппæрстам, уырдæм. Афтæ æнхъæлдтам, æмæ амарди, фæлæ æрра лæг уым нал’ уыди. Æрмæст ма дзы мæ рон дыууæ дихæй лæууыд. Уæд ма, æвæдза, сонт уыдтæн. Мæ роны скъуыд мын афтæ зын уыди, æмæ раст сцæйкуыдтон. Зыков худæгæй марди. — Куыд тыхджын у, хуыцауы тыххæй. Мæн скæуынмæ бирæ нал хъуыди. Ноджы уыцы рон нæ взводы ко- мандирæй цыплар сæкæры къæрттæй балхæдтон. Гæрз рон. Никуы баих- сыдаид. Ссæдз адæймаджы дæр æй нæ атыдтаиккой. Æмæ йæ ныр ца- вæрдæр æрра, къухæй нæ бавналгæйæ, арæдывта... Кæд æй дæндагæй бахсыдта, уæддæр цы бæрæг уыд. Улæфтытæ кæнын. Кæсын, æмæ Зыков дæр йæхи ныттар кодта, хъуыдыты аныгъуылд. Цыма дзы цыдæр сæхимæ ферох и кæнæ дзы сæфгæ исты фæкодта, йæ цæсгомы æнгас уыйау у. — Цы кæныс, цы дыл æрцыд? — фæрсын æй æз. — Фæлæуу-ма. Ма мæ хъыгдар. йæхимæ ракæс-бакæс кæны, йæхи асгар-асгар кæны, йæ ных асæрфы. Стæй афтæ зæгъы: — Ферох мæ ис. Ай кæцы къух у? — Галиу. — Ай та? — Рахиз. — Хуыцау, дæуæй бузныг! Рацу мæнæ ацырдæм... Ацы къухырдæм. А-гъа! Æмбарын дæ. Рахизырдæм. Будённыймæ нæ? Хорз. Араст стæм, Вася! Ме ’скъуыд рон иуварс ныддыгъгъуытт ластон æмæ, зонут, ахæм уæнгрог къахдзæфтæ акодтон æмæ мæхиуыл дисæй амардтæн. Фæлæ бирæ цæуын нæ бафæрæзтон. Чысыл ауадтæн, æмæ та мæ мазол риссын байдыдта, мæ тъæнгтæй та мæ уд сцæйхауди, стæй мæ астæуы цыдæр ныллæууыд. Тыхцыд кæнын, уæдæ цы! «Ныр афтæмæй мæнæй цæй хæстон ис. Цæй хъæбатыр!.. Мæ хуы- зæтты сармадзанты бынæй хæфсытæ сурын хъæуы, хицаудзинадыл хæ- цын нæ, фæлæ», — сагъæс кæнын мæхиуыл. Зыков размæ йæ цыды кой кæны æмæ та æрлæууы. — Фæлæуу-ма, загъта иу заманы. — Дæ хъустыл ницы уайы? — Ницы.
Æз æрлæууыдтæн. Ныхъхъуыстон. Æмæ æцæгæй дæр, цыма дард кæмдæр гроха хостой, уый хуызæн уынæр мæм хъуысти. — Цæйдæр къæр-къæр цæуы, — загътон Зыковæн. — Пулемёттæй æхсынц. Хъусыс, сымахуæттæ махонты дæрæн кæ- нынц. — Хъусын æй, хъусын. Æмæ та уæд тагъддæр цæуын байдыдтам. Рыг фæндагмæ рахызты- стæм. Хур фæцæйныгуылд. Æмæ куыд талынгдæр кодта, афтæ куы ра- .хизырдыгæй, куы галиуырдыгæй тынгæй-тынгдæр гæрæхтæ хъуысти. — Цæй, ныр æгъгъæд у. Аппарæм ацы æлгъаг пъагæттæ, — загъта Зыков. — Кæй æппарыс, кæ? — Пъагæтты. Ратон сæ, æмæ цæуой. Æгъгъæд мын у. Цыппар мæ- йы сæ мæхи ахъал кодтон, ныр мæ нал хъæуынц. Нæ дæ бауырндзæн, ме ’уæхсчытыл мазолтæ фæзынди. — Æмæ сæ æгæр раджы не ’ппарæм? — Нæу раджы. Иæ тæккæ афон у. Æри, господин дохтыр, раздæр уал сæ дæуæн рафтауон. Æмæ мын ме ’уæхсчытæй урсгвардион пъагæттæ ратыдта. Зыковæн йæ цæсгом уыди мæстыхуыз, цыма пъагæттæ не ’фтыдта, фæлæ цыдæр чъизи хъуыддаг кодта, уыйау. Ноджы цы булавкæтæй фи- даргонд уыдысты, уыдон сызгæ сты, æмæ æфтауын нал куымдтой. Ра- ^æц-рахæц кæны, фæлæ булавкæ æддæмæ нæ комы. — Æнæхайыр фæу, — зæгъгæ, йæ уыциу рæдывд раласта æмæ мын пъагонимæ мæ хæдонæй дынджыр гæппæл стыдта. — Иу уал ис. Разил-ма иннæрдæм. Куыддæр дыккаг рафтыдта æмæ йæ къанаумæ фехста, афтæ нæ хъустыл бæхты къæхты хъæр ауад. Нæхи нæма æрæмбæрстам, афтæ та бæхджын хъахъхъæнджытæ æр- батæхынц. Уымæй комкоммæ махырдæм. — Лидзгæ кæн, — дзуры мæм Зыков. — Лидзгæ, кæд ма дæ цæ- рын фæнды, уæд. Æмæ йæ цыма исчи ехсæй ныдздзæхст кодта, уыйау уыциу згъорд аласта. Æз йæ фæдыл. Куыд згъордтон, уымæн абон дæр ницы зонын, фæ- лæ Зыковæй фæстейы нæ задтæн. Ныр нæ бæхджынтæ æрбаййафынц. Хъæды бæргæ æнцон у барджы- тæй хи бафæсвæд кæнын, фæлæ ма лæгъз фæндагыл авзарут. Бæхтыл къæхтæ фылдæр, уайынмæ рæвдздæр. Хæстæгæй-хæстæгдæр нæм хъуысы сæ цæфхæдты къупп-къупп, æмæ дын уалынмæ — гæрах! Мæ тæккæ сæрмæ нæмыг æхситгæнгæ атахт. Ноджыдæр та — гæрах! Берданкæтæй ныл афтæ ныккалдтой, æмæ нæ хуызыцъыртт нал уыди. — Мæ уарзон æфсымæр! — Цы кæныс? — фæрсын Зыковы. 37
— Мæ уарзон... æмбал!.. Фæстейы ма зай... Йæ къуызгæ ныхасмæ мæ зæрдæ фехсайдта. Кæсын æм, æмæ ныф- фæлурс, йæ цæстытæ рахауынц, бæхау йæ комы фынк акалд. — Лидзгæ! — лæгъстæ кæны мæнæн. — Лидзгæ, дæ хорзæхæй... Фæстейы ма зай, мæ зынаргъ!.. Охх, æвæдза, куыд нæ фæндыд Зыковы фæстæмæ Мамонтовмæ здæ- хын, уый куы зониккат. Æвæццæгæн, æцæгæй дæр йæ мæлæты размæ Будённыйы фенынмæ бæллыди. Стæй мæнмæ дæр мæлын нæ цыди, раст уын куы зæгъон, уæд. Æмæ орёлаг дугъоны уад кодтон. Згъорæм. Нæ алы фарс, цыма исты басыгъд æмæ уый фæздæг у, ахæм рыг сыс- тад. Фæндаг нæ зыны. Зы- ковы дæр гыццылты йедтæмæ нæ уыдтон. Ныр нæ фæсте- йы гæрах кæнынц. Æвиппайды Зыков «ой», зæгъгæ, фæкодта. Æз æм фæкастæн. Зы- ков ахауд дæлгоммæ, йæ рус тугæй дзаг, йæ фындз сыджыты аныгъуылд. Фæстейы та гæрæхтæ райхъуыст. Æз размæ бæргæ згъорд- тон, фæлæ мæ бон нал уыд, мæ къæхтæ мæ нал хастой. Уæд фæстæмæ фе- здæхтæн æмæ Зыковмæ ныхъхъæр кодтон: — Сыст, Зыков, уæлæ- мæ! Фæлæ уый не ’сты. Змæлгæ дæр нæ кæны. Дæлгоммæ хуыссы Æз ын йе ’уæхскмæ февнæлдтон æмæ йæ мæ тых-мæ бонæй ныу- уыгътон: — Хынджылæг ма кæн, Зыков! Сыст уæлæмæ! — Æнцад лæуу! Дæ къухтæ хæрдмæ сдар, — райхъуысти мæ тæк- кæ сæрмæ. Æз ме ’дылы сæр хæрдмæ схъил кодтон æмæ... О, хуыцау!.. Æн- цъылдтæ салдаттаг худтыл ауыдтон сырхæфсæддонты стъалытæ. Абоны хуызæн мæ зæрдыл лæууы: мæхи Зыковы фарсмæ рыджы æруагътон. З’
— Цы бакуыстат, æмбæлттæ, уый? Цæмæн бакодтат афтæ? Нæхи- оны амардтат, уый зонут? — Ныууадз дæ ныхæстæ. Махонтæ æрттиваг пъагæттæ нæ дарынц. — Æмæ пъагæттæм цы кæсут? Уæддæр нæхионтæй уыд. Мах у, æмбарут! — Уымæй раст зæгъыс, сымах у... Уæд мæм сæ иу худгæйæ амоны: — Нæ йæм кæсут, йæ эполеттимæ хæдонæй гæбаз куыд стыдта. Старстæ нæ, бандит? — Дæхæдæг бандит, — уыцы ныхасмæ дын цы бакæндзынæн, уый зоныс? Фырмæстæй йæм рафыхтæн раст. «Ай замана нæу, хуыцауы тыххæй, — хъуыды кæнын мæхинымæр.— Тыххæй-амæлттæй нæхиуæттæм бахаудтæн, æмæ мæм цы цæстæй ра- кастысты...» — Æз дын ныртæккæ дæ дæндæгтæ банымайдзынæн, — бартхъи- рæн кодтон лæппумæ. Уый мын афтæ: — Цæй хорз, уый фæстæ сæ банымайдзыстæм. Æмбæлттæ, мардмæ баджигул кæнут, ацы счетоводы та Бандуровмæ, комиссармæ уæ разæй лтæрут. Сæ ныхæстæ сын æрмæстдæр уæд бамбæрстон. — Афтæ, зæгъын, æнхъæлут æмæ æз урсытæй дæн. — Нæ, ды, дам, хъулон-мулон дæ? Ныр Зыков рыджы дæргъæй лæууы. Куы йæ иуырдæм афæлдахынц, куы иннæрдæм, йæ дзыппытæ йын къахынц. — Улæфы ма. — Уадз æмæ аулæфа, — загъта сæ командир. — Ноджы заманай бон у æмæ. Уалынмæ йын йæ дзыппæй цавæрдæр гæххæттытæ сластой æмæ сæ кæсынц: «Зыков Василий Семёнович, инæлар Мамонтовы бархи хъазахъ- хъаг дивизийы фыццаг эскадроны салдат». — Ай æцæгæй дæр нæхи куы у, — йæ сæр батылдта командир. — Бæрæг у. Марадзут-ма, лæппутæ, бæхыл æй авæрут! Мæнæн та афтæ: — Ды дæр, салдат... Размæ — хуыцау, паддзах æмæ дæ бæстæйы сæраппонд. — Нæ, зæгъын, æз ме ’мбалы нæ ныууадздзынæн. Уый дæр уемæ раласут. Хъусут? — Бахатыр кæн, къарет нæм нæй. — Уæдæ æз æнæ ме ’мбал нæ цæуын. — Нæ цæуыс? Зæрдиагæй зæгъыс? Гъемæ кæд афтæ у, уæд æй дæ- хæдæг хæсс. Разы дæ? Уыцы сæрхъæнтæм уый худын касти. Æмæ куыд æнхъæлут? Мæ тыхтæ æрбамбырд кодтон, Зыковы мæ 39,
хъæбысы фелвæстон æмæ йæ ме уæхскыл сæвæрдтон. Уæззау мын уы- ди, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ уæддæр нæ ахаудтæн æмæ Зыковы дæр нæ аппæрстон, лæууыдтæн, уæдæ цы. Уалынмæ араст стæм. Разæй цыди дыууæ хъахъхъæнæджы, галиуырдыгæй — иу, рахизы- рдыгæй дæр иу, фæсте командир йæ урс бæхыл, астæуæй та — æз, Зыков ме ’ккой, афтæмæй. Ай-гъай, мæ къæхтыл цæфхæдтæ нæ уыду æмæ тагъд-тагъд уайын нæ фæрæзтон. Уæлдайдæр мæ мæ мазолтæ хъыг дардтой, мæ фæсонтæ рыстысты. Уæдæ мæ зæрдæ дæр цас рухс уыдаид? Уæхæдæг æй æмбарут. Цæуын, расыджы хуызæн дзойтæгæнгæ. Мæ цæстытæ сæхæдæг æрæхгæнынц, мæ къæхтæ мæ быны дыдæгътæ кæнынц. Куы иу бæхыл сцæйкъуырын мæхи, куы иннæуыл. Алырдыгæй мыл хъæртæ кæнынц: — Ей, урсыты салдат! Бæхтæ ма тæрсын кæн... Чучыл! — Бахатыр кæнут, барæй нæ уыдтæн, — зæгъгæ та æз дæр хатыр ракурын. Дарддæр мæ цыды кой кæнын. Цыфæнды дæр дзурæнт, мæнæн уæлдай нæу. Мæ хъуыдытæ афтæ сæмхæццæ сты æмæ мæм сæ хъæртæ нæ хъардтой. Искуы ма уæдæ уый дæр æрцыди, æмæ Будённыйы салдат Будён- ныймæ уацары бахауæд! Уымæй ма æдылыдæр хъуыддаг уа! Фæлæ уæддæр мæлынæй уыйас нал тарстæн. Уæддæр та нæхиуæттæ, сæ мард макуы фесæфа! Нæхи æфсæддонтæт. сырх стъалыджынтæ. Искуы ма уый æнхъæл дæр уыдтæн æмæ сырх стъалыджынты фендзынæн. Ууыл мæ зæрдæ нал дардтон. Мæ алы фарс бæхты цæфхæдтæ къупп-къупп кæнынц. Ме ’уæхскыл Зыков рæстæгæй-рæстæгмæ фестъæлфы. «Мæгуыр дæ бон, Зыков. Ницæй тыххæй куыд фесæфтæ, куы. Дæ царды бæллиц æмбал Будённыйы дæр куынæуал федтай». Мæ бон нал уыд цæуын. Скæуынмæ мæ бирæ нал хъуыди. Бæхты бынмæ-иу фæцæйхаудтæн. Алырдыгæй мыл худынц: — Æнхъæлдæн æмæ кас бирæ нæ хордтай! Æвæццæгæн, урс касы ницы тых ис. Афтæ бафæлладтæн, æмæ сæм мæ бон сдзурын дæр нал уыд. Суанг ма, куыд æмбæлы, афтæ ралгъитын дæр нæ фæрæзтон. Иуныхасæй, мæ къæхтыл нал лæууыдтæн. Уæд мæм сæ чидæр дзуры: — Де ’мбалы мæнæ мæ бæхы рагъыл бавæр. Хъуыды ма йæ кæнын, бузныг ын загътон æмæ Зыковы бæхы тæвд рагъыл сæвæрдтон. Уымæн, мæгуырæг, йæ къухтæ дæлæмæ æрзæбул сты. Æз дарддæр араст дæн. Æрталынг и. Бандуровы хъæумæ куы бахæццæ стæм, уæд арвыл стъалытæ фæзынд. Цавæрдæр кæрты цæмæдæр бирæ фенхъæлмæ кастыстæм. Зыков цъайы цур зæххыл хуыссыд, йæ уæлхъус хъахъхъæнджытæ лæууыды- 40
сты. Æз та Зыковы фарсмæ дзуццæджы бадтæн æмæ кæугæ код- тон. Р1е мæ нервытæ фехæлдысты, æмæ уымæн, йе та фæллад уыдтæн, æмæ уымæн, нæ зонын, фæлæ мын тынг зын уыди, ме ’мбал куыд марди, уымæ кæсын. Улæфгæ ма кодта. Фæлæ хорз нал улæфыд. Сулæфыд-иу, йæ хæр- хæр-иу ссыд, сæр-иу араппар-баппар кодта æмæ та-иу ныссабыр. йæ къæмисæнтæй туг нал цыд. Æмæ уый тæссаг уыд. — Зыков! — дзурын æм æз. Уый æнцад хуыссы. Змæлгæ дæр нæ фæкодта. Цæстæй дæр нæ ракаст. Цæй-ма ныууадз... Зыков. Ма мæт кæн. Рæдийгæ фæкодтой. Ницы нын уыдзæн. Адон махонтæ сты — Будённыйы æфсадæй, стъалыджын- тæ. Райсом нæхæдæг дæр стъалытæ бакæндзыстæм æмæ Будённыймæ бацæудзыстæм. Уæд ын æз зæгъдзынæн: «Æмбал Будённый, бар мын ратт, æмæ дæ мæ хæлар Зыков Василий Семёны-фыртимæ базонгæ кæ- нон. Нæ зæххыл уымæй хъæбатырдæр лæг нæй...» Зыков, хъусыс.мæ? Уæд дын Будённый зæгъдзæн: «Хорз лæппу дæ, дæ бакаст дæр хъæба- тыры хуызæн у, æрмæст æнаккаг урсытæм ма службæ кæн, фæлæ бацу æмбал Заварухины сæрмагонд отрядмæ». Æмæ дæ мах хæстон хаймæ рарвитдзæн. Фæнды дæ, Зыков, мах хаймæ? Æз бынтон дзæгъæлы цагътон дзæнгæда, уымæн æмæ мæ Зыков нæ хъуыста. Калд бæласау цъайы раз дæргъæй лæууыди. Уалынмæ хæдзары дуар байгом, æмæ æддæмæ рахъæрчынди: — Уацайрæгты!.. Уый ома мæн!.. Диссаг та куыд нæ у: Будённыйы æфсæддон Бу- дённыймæ уацары бахауæд! Бакодтой мæ мидæмæ. Кæрдзын, хъæрмхуыпп æмæ фæтæгены тæф иумæ кæм сæмхæццæ сты, ахæм ранмæ. Дзуары бын уыд стъол æвæрд. Йæ уæлæ — æхсыры дурын æмæ англисаг дамбаца. Стъолы фарсмæ бадт æрыгон лæппу кавказаг хæдоны. йæ фарсмæ æндæр лæппу — йæ сæрыл къепкæ. Ноджы æндæр, зачъеджын лæг — рудзынджы раз. Уы- дис ма дзы, æнхъæлдæн, чидæртæ, хорз сæ нал хъуыды кæнын. — Хæстæгдæр æрбацу, — дзурынц мæм уыдон. Зыковы тъахтиныл æрæвæрдтой, æз та стъолы размæ бацыд- тæн. Ракæс-бакæс мæм кæнынц, цыма адæймаг нæ, фæлæ æндæр цыдæр уыдтæн. Стæй акт фыссын райдыдтой. — Дæ мыггаг? — Трофимов, Пётр Васильевич. — Куыд, куыд? — Хъæрæй дзурын мæ бон нæу, мæ хъуыр чернилайæ сæрст у. — Цы худæг у, — худынц мыл уыдон. — Цы, зæгъын, зæгъут? —’фæрсын сæ æз. — Салдат, дам, дæ? — О, зæгъын, Заварухины сæрмагонд отряды æфсæддон. 41
— Уый та куыд? — фæдис кодта, кавказаг хæдон кæуыл уыд, уы- цы лæппу. — Заварухины æфсæддон, зæгъыс? — Раст афтæ! — Ай цы хынджылæджы хъуыддаг у, æмбæлттæ! Кæм æй æрцахс- тат? Мах чи æрбакодта, уыдон ын афтæ зæгъынц: — Гæды ныхæстæ кæны, æмбал комиссар. Мамонтовы дивизийæ сты, се ’сгарджытæй. Мæнæ сæ гæххæттытæ. Æмæ йын йæ разы æрæвæрдтой Зыковы æфсæддон билет. — Омæ цы? Уый Зыков у. Мамонтовæй ралыгъди. Æз та Завару- хины æфсæддон дæн. Æз æмбал Будённыймæ сусæг пакет ластон. — Цæуыл цымæ уæд? — Негрыл. — Цавæр негрыл? Ды, мæ хур, Африкæйы нæ дæ, уый дæ рох ма уæд. Ды Уæрæсейы дæ, уый æмбарыс? — Зонын æй, Уæрæсейы дæн, уый. Фæлæ Негр бæхы ном у. — Æцæгæй? Æмæ уæд кæм ис дæ бæх? — Фæдæлдон. — Куыд фæдæлдон? — Афтæ. йе ’хтонг ын æгæр балвæстон, æмæ донæй нал рафæ- рæзта рацæуын. — Мæнæ диссæгтæ! Æмæ уæд дæ пакет та цы фæци? — Цы фæци? Ахæм мæсты сæм сдæн, æмæ уын куыд зæгъон. — Бахордтон æй! Уыдон дын сæ хъæлæсты дзаг куы ныххудиккой: — Ха-ха-ха! Нæ мыл æууæндынц. Мæ иунæг ныхасыл дæр мын не ’ууæндынц. Афтæ æнхъæлдтой, æмæ гæды ныхæстæ кæнын. — Æрбакæсут-ма, мæ фæсонтыл царм куынæуал баззад, — æу- уæндын сæ кæнын æз. — Мæхæдæг мæхи куыд хъуамæ фæнад- таи... Æз мæ хæдон хæрдмæ сфæлдæхтон æмæ сæм мæ фæсонтæ равдыс- тон. Кавказаг хæдон кæуыл уыд, уымæ дæр, кепкæ кæуыл уыд, уымæ дæр æмæ, рудзынджы раз чи лæууыд, -боцъоджын, уымæ дæр. Боцъоджын афтæ зæгъы: — Уый раст у. Хи афтæ фæнæмæн нæй. Уæртæ йын йæ царм гæбаз- гай куыд сæппæрстой! Ахæм фыдмитæ дын чи бакодта? — Мамонтовы хъазахъхъæгтæ. — Уæдæ йын ныр цы бачындæуа? — тæрхæттæ кæнынц сæхими- дæг. — Кæд æцæг нæхиуæттæй у, уæд та? Документтæ дæм ис? — Нæй. Иууылдæр сæ бахордтон. Æмбал Заварухинмæ тел арви- тут, æмæ уæд æппæт дæр базондзыстут. — Заварухинæй ныр æртæ боны дæр хабар нæй. Чи йæ зоны, кæм ис æмæ цы кæны. — Æз æй зонын, кæм ис æмæ цы кæны, уый, — загътон сын æз. 42
— Æмбал Будённыймæ хабæрттæ Заварухинæй ласын. Ауадзут мæ, уæ хорзæхæй, æмæ мæ фæндаг дарон. — Цæй куыд? — загъта сæ иу. — Ома цы? — бафарстой иннæтæ. Се уæхсчытæ фелхъивынц. Сæ къухтæ фæйнæрдæм акæнынц. Цыма мæ ауадздзысты, афтæ æмбарын байдыдтон. Хуыцауыстæн, ауадздзы- сты мæ. Фæлæ та уалынмæ ног бæллæх æрцыд. Æвиппайды кæрты цавæрдæр уынæр ссыд. Кæйдæр дзурын æрбай- хъуыст. Стæй та зарын. Æз куыддæр æрæнкъард дæн. Цыма мæм цы- дæр фыдбылыз касти, уыйау мæ зæрдæ æрбауынгæг. — Уый цæй змæлд у кæрты? — бафарста, кавказаг хæдон кæуыл уыд, уыцы комиссар. Уæд боцъоджын рудзынгæй акаст æмæ загъта: — Уый та дæлæ уыцы æнамонд зæронд хъæлæба кæны. — Цавæр зæронд? — Мæнæ уыцы мыддар, йæ усы кæмæн аргæвстой, уый. — А-а, уый у? Омæ ам цы агуры? Цæуылнæ йæ ауадзынц? Кæд ын, миййаг, æххормаг у? Уæд ын хæринаг раттæнт. Уалынмæ дын дуар фегом, æмæ уыцы æнамонд мыддар йæхæдæг хæдзары смидæг. Æз æй уайтагъддæр базыдтон. Куыннæ йæ хъуамæ базыдтаин, иу- нæг бон мæ цалдæр хатты чи фæтæрсын кодта, уыцы æрра лæджы. Ныр бынтондæр тæрсæны хуызæн сси. йæ дарæс кæрæдзиуыл нал хæцыд. йæ къæхтæ æмæ йæ къухтæ тугæйдзæгтæ, цыма æртæ сахаты уагъылы- ты æхсæн æмбæхстæй бадти. Бынтон æмбисонд та йæ цæстытæ фесты. Ахæм цæстытæй æнæхъæн бæхджын полкъ дæр фæтарстаид. Мæн фыр- тæссæй æрхауынмæ бирæ нал хъуыд. Ныр мæ уый куы ауыдта, уæд дын йæ къухтæ куы сцæгъдид. Дзы- хы дзагæй хъæр кæны: — А-гъа, мæнæ ис, æмбæлттæ! Цæвут æй, большевиктæ. Цæвут, хæйрæджы байзæттаджы! Стырдæр дамбацайæ йæ фехсут! Ныртæккæ- йы минут! — Æмæ йæ ды цæмæй зоныс? — фæрсы йæ комиссар. — Зонын æй, куыннæ ма йæ зонын? Мæ хæдзар мын адон куы ба- сыгътой, мæ усы дæр мын джебогъæй ацы куитæ куы ныххуынчъытæ кодтой. Стæй мæ уый фæстæ хъæды астæу идонæй сбастой. — Цы? Цы? Цытæ дзуры уый? — фæрсы мæ комиссар. — Куыд идонæй? — загътон æз... гæды ныхæстæ кæны. Идон нæ уыд, фæлæ рон... Уæд та æрра афтæ: — Адон инæлар Мамонтовы къулертæ сты. Курбатовмæ дзырдтæ хæссынмæ цыдысты. Æз сæ мæхи хъустæй фехъуыстон, кæд мæ, а^наккæгтæ идонæй сбастой æмæ мæ къанаумæ ныппæрстой, уæд- лæр. — Ныр иы гæды ныхæстæ кæныс? Кæд дæ сбастам идонæй? 43
— Фæлæуут-ма! — фæхъæр мыл кодта комиссар, — дзæнгæда ма цæгъд. Фæлтау-ма зæгъ, фаджыс, Курбатовы цы агуырдтай? — Æмæ уым диссагæй цы ис? Уый раст у. Æцæгæй дæр мах Кур- батовмæ цыдыстæм. Фæлæ уырдæм барæй цыдыстæм... Æз хорзау нал фæдæн. Нымхæццæтæ кодтон хъуыддагæмæ, æвæц- цæгæн, ныссырх дæн. — Уырдæм нæ цыдыстæм. Махæн нæ фæндаг ардæм уыди. Фæ- цæйцыдыстæм... — зæгъгæ, та райдыдтон дзурын æз. — Æгъгъæд! — фæхъæр ласта комиссар. — Банцай! Стæй зæронд лæгæн афтæ зæгъы: — Хорз, мæ фыды хай. Бузныг. Дæ бон у ныр ацæуын. Сырхæф- сæддонтæн зæгъ, æмæ дын хæринаг радтой. Фæндараст, — комиссар æрра лæджы къух нылхъывта. Æрра лæг ацыд. Сæхæдæг, дзуæртты бын цы стъол уыд, уый фарсмæ сбадтысты æмæ тæрхæттæ кæнын рай- дыдтой... Фæлæ уæд цавæр заман уыдис, уый уæхæдæг зонут. Бирæ радзур- бадзурæн рæстæг нæ уыд. Аныхæстæ, ахъуыды кодтой, гæххæттыл цыдæртæ афыстой æмæ йæ кæсынц. «Пётр Трофимов, знаджы сгарæг æмæ шпион, æхст æрцæуæд. Тæр- хоп æххæстгонд æрцæуæд æвæстиатæй». Ницы сæм сдзырдтон. Æрмæст, хъуыды ма йæ кæнып, афтæ ба- кодтон: — Гъе уый хъуыддаг у, гъе!.. Будённыйы салдат Будённыймæ уа- цары бахауæд... Уый фæстæ се ’ппæт дæр сыстадысты. Чи æддæмæ ацыд, чи та æф- сады хъуыддæгтыл райдыдта дзурын. Мæныл æртæ æви цыппарæй фæ- хæцыдысты æмæ мæ кæртмæ ракодтой. Къулмæ мæ слæууын кодтой. Æз ма сын уæд загътон: — Кæрты мæ ма амарут, æмбæлттæ. Цæмæн чъизи кæнут кæрт. Уый фæстæ зæрдæмæ нал цæудзæн, искуы иуварс, фæсвæд ран бакæ- нут уæ хъуыддаг... — Цæй, хорз. Æрлæуу. Сыгъдæгдзинадыл хъуыды кæнынмæ нæ не ’вдæлы. — Цæй уæдæ, мæ дзаумæттæ раласон. — Нæ сæ хъæуы. — Уæдæ мæ дзаумæттæ сæфгæ хъуамæ фæкæпой? Нæ, уый гæнæи нæй. Фæлтау уын сæ, лæппутæ, раттон, æвгъау сты. Мæ цырыхъхъыты уæлфæттæ тынг хорз цармæй сты. — Нæ хъæуы ыах англисаг цырыхъхъытæ. Уадз æмæ сæ Антантæ сæхæдæг дарæнт. — Сæрхъæнтæ, уæхæдæг Антантæ! Исты англисаг цырыхъхъытæ сты. Мæскуыйы хуыд куы сты. Фабрикæ «Богатыр»-ы. Зæххыл абадтæн æмæ мæ къæхтæй мæ цырыхъхъытæ ласын. — Гъаут, лæппутæ, мæ номыл сæ фæдарут. 44
_, «Æ=- ^- <гз=,^~ Комиссар гæххæтты скъуыдтæ райстс æмæ дзы кæсы.
Цырыхъхъытæ сæм баппæрстон. Партянкæ райхæлдтон. Æмæ куыд æнхъæлут? Æвæдза, никуы мæ ферох уыдзæни. Ме скъуыдтæ хидæйдзаг партянкæйы мæ къух аныдзæвд цыдæр тымбылыл, гæххæттын гуцъулайыл. Цавæрдæр фыстытæ йыл. Райхæлдтон гæххæтт, æмæ йыл дамгъæтæ фыст. Фæлæ цавæр дам- гъæтæ уыдысты, æз уый уæд нæма зыдтон. — Гъа-ма, лæппутæ... æз кæсын нæ зонын. Бакæсут-ма йæ, цы дзы фыст ис, — дзурын сæм æз. — Цæмæ йæ кæсæм? Ницæмæн нæ хъæуы. Къулмæ æрлæуу дæ разы. — Омæ уæ цæст уыйбæрц нæ уарзы? Къулæнцой слæууын дæр бай- йафдзынæн, кæдæм уын лидзын. Бакæсут-ма дзы, кæддæра дзы цы фыссынц. Кæд исты ахсджиаг хъуыддаг у, уæд та?.. Уæд иу лæппу спичкæ ссыгъта æмæ гæххæтт кæсын байдыдта. йæ былтæ змæлын кæны, дамгъæтæ кæрæдзимæ æфтаугæйæ. Стæй афтæ зæгъы: — Æз дзы ницы æвзарын. Мæнæ дзы «хайло», зæгъгæ, фыст ис_ — Куыд, куыд? Цавæр хайло? — фæрсынæз. — Цы зонын, хайло фыст у. Стæй гæххæтт иннæ æмбал райста, стæй та æртыккаг. Кæсынц дзьь Уыдон дæр та афтæ: — «Нуми... хайло...К К...» Ам цыдæр и, — сæ зæрдæ фехсайдта. --- Мæнæ дзы мыхуыр æвæрд дæр уыди... Уæдæмæ ма, лæппутæ, Белополь- скимæ бадзурæм. Хæдзармæ бацыдысты æмæ уайтагъд комиссаримæ фездæхтысты. Комиссар загъд кæны: — Уый та ма цавæр «хайло» у? Æриут-ма, кæм и! Комиссар гæххæтты скъуыдтæ райста æмæ дзы кæсы: — «...ну Михайлович Будённыймæ... Фыццаг бæхджын æфсады арммæ... Сырх Æфсады æхсæзæм дивизийы штаб». Мæ алыварс чи лæууыд, уыдон куыд фесты, уый уæхæдæг бамба- рут, — цы уын æй дзурон. Комиссар Белопольский йæ сæрмæ фæлæбурдта. — Цы у ай? Ай цы у?! — Уый, пакетæй ма чи баззади, уый у. Æз Луганскмæ, Будённый- мæ кæй ластон, уыцы пакетæй. йе ’ннæ йын бахордтон. Уæд дын комиссар куы ныхъхъæр ласид: — Суадзут æй! Тæрхон ивд æрцæуæд! Стæй мæм æрбацыди, æргуыбыр мæм кодта æмæ мын ме 'уæхск æрхоста: — Бахатыр кæн, æмбал! Гыццыл ма бахъæуа дзæнæтмæ дæ бар- витæм. — Ницы кæны. Уæ хорзæхæй. Фæлтау мын бæх раттут, æмæ æз Будённыймæ атæхон. Тынг ахсджиаг хæстон хабæрттæ йын фехъусын кæнын хъæуы. Ныр мæхицæн зæххæй сыстын мæ бон нæу. Бæгъæввадæй зæххыл 46
бадын æмæ мæ партянкæтæй мæ цæсгомы хид сæрфын. Мæ хид мæ къæхты бынæй акалд. Æмæ куыннæ акалдаид! Фондз минуты фæстæ дуары раз тачанкæйы гыбар-гыбур ссыд. Дыууæ бæхы ифтыгъдæй. Ахæм бæхтæ уыдысты, ахæм, æмæ сæ бæх- тæрæг тыххæй урæдта, сæ къæхтæй зæхх хостой. Тачанкæйы мæ сæвæрдтой. Хъæмпы мæ дзæбæх банорстой. Хуыссын мæхицæн фæлмæн æмæ хъармы. Мæ цæстытæ бацъынд кодтон, æмæ мæ хъустыл ауад Белопольски- йы бардзырд: — Луганскмæ. Командарм Будённыйы штабмæ. Уæд æз мæ сæрыл схæцыдтæн: — Хъусут-ма, Зыковы дæр ам сæвæрут. Зыковы дæр æрбахастой æмæ йæ мæ фарсмæ сæвæрдтой. Мæ сæ- рæй йын йæ фарс басхуыстон. Фæлæ мæм ницы сдзырдта. Уыцы æнæ змæлгæйæ хуыссыд. Бæхтæрæг ехсæй февзыста, тачанкæ фезмæлыд, æмæ, цы фæдæн, уый нал базыдтон, — афынæй дæн. Æмæ дын мæ фыны уынын. Цыма горæт Елисаветграды лæууæм. Мæ къæхтыл ног цырыхъхъы- тæ. Æмæ цыма не старшина Лычков Ванькæйæ партянкæтæ æлхæнын. Уый дын мæ цыма бацагуырдта тамако æмæ æртæ æви цыппар къæртты сæкæр. Æз ын мæ паёк джиранка æмæ æрдæг дзул радтон, æндæр ницы, уымæн æмæ мæм тамако нæ уыди. Дымгæ нæ кæнын. Ныр мæ цыма тынг фæнды уыцы партянкæтæ балхæнын. Æнахуыр дзæбæх уыдысты. Фæлмæн, хъæздгуыты хисæрфæнты хуызæн фæлмæн. «Джиранка æмæ дын æрдæг дзул дæттын. Фæлмæн дзул». «Нæ сæ дæттын ууыл... Цæугæ!..» — зæгъы Лычков. Цыбырдзырдæй, цæуыл баныхас кодтам, уый нæ бахъуыды кодтон, фæлæ партянкæтæ мæхи баисты. Балхæдтон сæ æмæ сæ мæ къæхтыл тухын. Сындæггай сæ цыма тухын, афтæмæй æмбал Заварухин æрбацæуы. Æрбацæуы æмæ йæ хæдоны æгънæджытæ нымайы. Æмæ дын мæм цы- ма дзуры: «Трофимов! Афтæ фехъуыстам, дæ къæхтыл, дам, мазолтæ ис. Уый раст у?» «Раст у. Чысыл мазолтæ сыл ис». «Гъемæ нæ сæрмагонд хайад бауынаффæ кодта, дæу уый тыххæй фехсын». «Куыд уæ фæнды, афтæ, æмбал Заварухин. Уый уæхи хъуыддаг у. Фехсут мæ». Æмæ цыма мæ партянкæтæ æнцадæй фæстæмæ халын байдыдтон. Райхæлдтон сæ æмæ хъуыды кæнын: «Æвæдза цард куыдтæ рауайы». Уалынмæ дын фехъал дæн. Тачанкæ иу ран лæууы. Æз хуыссын. Талынг. Хид дзы уыди æви нсты хъахъхъæнæн бынат, ницы йын равзæрстон. Бæхтæрæг разæй бады æмæ тамако дымы. 47
Мæ фарсмæ Зыков. Иæ хæр-хæр цæуы. Уымæй дæр тых хæр-хæр, йæ цæсгом тугæйдзаг. Иæ къæмисæнтæй туг цыхцырæгау мизы. Æз хъавыдтæн рабадынмæ, бæхтæрæгæн зæгъон æмæ йын исты бакæной, зæгъгæ, фæлæ та ницыуал бамбæрстон, — ахаудтæн æмæ та афынæи дæн, Дыккаг хатт райхъал дæн æндæр ран. Хуыссын фæлмæн сынтæгыл. Мæ сæрмæ лампæ мынæг рухс кæньь Мæ гуыбыныл цыдæр тæвд æвæрд, цавæрдæр тыппыр авг. Мæ фарсмæ та бандоныл бады бурхил лæг урс раздарæны. — Бури, ды чи дæ? — фæрсын æй æз. — Дохтыр. — Æз та? — Ды та — рынчын æмæ хуыссыс рынчындоны. Дæ хорзæхæй. æнцад хуысс, змæлгæ ма кæн. Ныртæккæ дын дæ гуыбыны цытæ ссард- той, уый зоныс? Бецъеби, чернила æмæ ноджы цыдæртæ. — Æмæ дзы гæххæттытæ не ’ссардтой? — Бирæ. — Бамбæрстой сæ иууылдæр? — Кæй? — Цы фыст дзы уыди, уыдон се ’ппæт дæр равзæрстой? Æви ран- гай нал зынди? — Цытæ дзурыс, цытæ! Гæххæтт касы хуызæн куы сси. — Уый хъыгаг у. — Дæу ныр дæхи дзæбæх кæнын хъæуы, — загъта дохтыр. Дæ гуыбын дæ, куыд æмбæлы, афтæ дзæбæх кæнын хъæуы. Гъа-ма, мæнæ уал пирамидон аныхъуыр, дæ хорзæхæй. Æз æй аныхъуырдтон. Дохтыр ма чысыл мæ разы абадти, авг дзæ- бæх сæвæрдта, стæй ацыд. Æз мæ сæр разылдтон, кæддæра, зæгъын, мæ алыварс цытæ цæуы. Кæсын, æмæ рынчынтæ хуыссынц. Иуæй-иутæ сæ фыны цыдæртæ дзурынц... Мæнæй дыууæ сынтæджы фалдæр чи хуыссыд, уый мæм фæкастп зонгæ адæймаджы хуызæн. Уый бахъуыды кæнут, уыцы рынчын Зыков уыди. Фæлæ цы кодта? йæ сæр æгасæй дæр бинтæй тыхт, йæ фындз ма чысыл зыны. Сын- тæгæй йæхи рауагъта æмæ зæххы цыдæртае агуры. Хуынчъы цыдæр тъыссы. Æз мæхи нал баурæдтон. — Зыков, — зæгъгæ йæм бадзырдтон. Уый мæм йæ тыхт сæр сдардта æмæ афтæ: — Цы кæныс? — Цы ми кæныс уый? — Æз? — О, о, ды? — Мæнæ пирамидон хуынчъы тъыссын. Мæ зæрдæ дзы сцъæх и. Æвæццæгæн, алкæцы æфсады дæр пирамидонæй дзæбæх кæнынц рын- 48
чынты. Æвæццæтæн, Чырысти куы нæма райгуырд, уæддæр салдæтты пирамидонæй дзæбæх кодтой. — Цы æдылы дæ. Стæй йæ фæрсын: — Æгасæй баззадтæ? — Цæуылнæ баззайон æгасæй? — Æхсызгон мын у. — Æмæ дын цæуылнæ уа æхсызгон, тамбоваг хæйрæг! Æз рахъавыдтæн йемæ фæхыл уæвын, суанг ма ныл баз фехсын дæр мæ зæрды уыди, фæлæ та æвиппайды ме ’уæнгтæ æрызгъæлдысты, барызтæн æмæ базыл æрхаудтæн. Райхъал дæн хуры тынты рухсæй. Уый уы- ди райсомæй. Хуры хъарм тынтæ мæ тæккæ цæстытæм ныккасты- сты. Æз мæ сæр иннæ- рдæм азылдтон æмæ дын æвиппайды ауыд- тон зонгæ цæсгом. Дуары раз лæууы- ди ныллæггомау, бæ- зæрхыг, рихиджын лæг æмæ мæм касти. Æз æй уайтагъд- дæр базыдтон. Кæд æй иунæг хатт дæр никуы федтон, уæддæр æй ба- зыдтон. «Ехх, не ’фсымæры хай Будённый! Мæнæ цы хуызæн дæ, мæ- нæ...» — ахъуыды код- тон мæхинымæр. Уый йæхæдæг мæ сынтæджы цурмæ æрбацыд, йæ сæрæй йæ громоотвод систа æмæ загъта: — Цæй, æгас цу! Æз чысыл мæхиуыл схæцыдтæн. — Æмбал Будённый... — мæнæн мæ ныхас мæ дзыхы нал бадти æмæ ферхæцыдтæн. — Æмбал Будённый! Æмбал Заварухины сæрма- гонд отрядыл знаг алырдыгæй æртыхсти. Галиуырдыгæй Шкуро лæбу- ры. Рахизырдыгæй — Мамонтов. Нæ, галиуырдыгæй Мамонтов лæбу- ры... Æви Улагай ис галиуырдыгæй... Бахатыр кæн, Улагай рахизырды- гæй бырсы... Ферох сæ кодтон. Мæ хъуыдытæ мæ сæры сæмхæццæ сты. Æз бан- цадтæн æмæ сынтæджы мæхи æруагътон. А Пакет 49
Уæд Будённый, абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы, йæ армытъæ- пæн мæ ныхыл авæрдта æмæ загъта: — Тæвд кæнын байдыдта. Компресс ыл сæвæрут. Фæлæ мæнæн мæ зæрдыл цыдæр æрбалæууыд æмæ та тыххæй мæ сæр рахъил кодтон: — Æмбал Будённый! Бар мын ратт, æмæ дæ ме ’мбалимæ базонгæ кæнон — Зыков Василий Семёновичимæ. Æгас дунейы уымæй хъæба- тырдæр лæг нæй. Будённый ныххудти. — Уый кæцы у хъæбатыр? Дæ разы йæ сæрыфахс бинтæй тыхт кæмæн у, уый. Уæртæ дæм худы. — А-гъа, — загъта Будённый æмæ Зыковы сынтæгмæ бараст. Куыд зонгæ кодтой, уый нал хъуыды кæнын, растдæр зæгъгæйæ та сæ нæ федтон, — афынæй та дæн. Дыууæ къуырийы фæстæ æз рацыдтæн рынчындонæй æмæ æрыз- дæхтæн нæ дивизимæ. Уалынмæ зымæг ралæууыд, æмæ мын Ногбоны æхсæв Мæскуыйæ хæрзиуæг сæрвыстой: Сырх Тырысайы орден. Цымæ цæй тыххæй? Уый диссаг нæу!..
Пантелеев Алексей Ивановин ПАКЕТ Редактор А. Е. Тулатова Художник X. Т. Сабанов Худ. редактор У. К. Кануков Техн. редактор Е. У. Датриева Корректоры М. Б. Савкуева, Т. А. Кайтукова Сдано в набор ЫП-1962 г. Подписано к печати 4-У1-1962 г. Формат бумаги 70х921/16. Печат. листов -3,80. Учетно-изд. листов 3,52. Заказ № 563 Изд. ** 16. Тираж 2000. Цена 11 коп. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, ул. Гражданская, 2. Республиканская книжная типография, г. Орджоннкидзе, ул. Джанаева, 20.
Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдады рæхджы ирон æвзагыл мыхуырæй рацæудзысты ахæм чингуытæ: 1. Мæрзойты Сергей «Мæ сæфт хуры хай» (радзырдтæ) 2. Епхиты Тæтæри «Тæку æмæ Боцка» (радзырдтæ сывæллæттæн) 3. Джиоты Катя «Сæлийы ног къаба» (радзырдтæ сывæллæттæн) 4. Цырыхаты Михал «Мæ сыгъдæг фæндтæ» (æмдзæвгæтæ) 5. Хуыгаты Сергей, Ходы Камал, Джыккайты Шамил «Бонвæрнон» (æрыгон поэтты æмдзæвгæтæ)