Text
                    ’ЦХУЪКРБЯЖЪ! Ж(РЯ
УЯ%р№1стж
Радзырдтæ, романтæ, публицистонуацтæ
1
Мыхуыры хæдзар
Цхинвал
2019


84 (Осет.) 7-4 Ц91 Цхуырбаты М. Б. Цхуырбаты М. Б. Уацмыстæ. Цхинвал, РХИ Мыхуыры хæдзар, 2019, 592 ф. Цховребова М. Б. Произведения. Цхинвал, Дом печати РЮО, 2019, 592 с. Ацы чиныг мыхуыр цæуы авторы юбилейон, 85 азы, сæраппонд. хаст æм æрцыдысты радзырдтæ, дыууæ романы æмæ публицистон уацтæ. Дызæрдыггаг нæу, чиныг аккаг бынат кæй ссардзæн ирон ли- тературæйы хæзнадоны. © Цховребова М. Б., 2019 © Оформление. Издательство Дом печати РЮО, 2019
чжыт лулт<<ия^ÆЖЖслх>> озушкят Цхуырбаты Мерийы ног чиныг - радзырдты (ис дзы 22 ра- дзырды æмæ фондз литературон-критикон уацы) æмбырдгонд «Цалынмæ удæгас дæ» райдайы авторы цыбыр ныстуанæй - чиныгкæсæгмæ æргом æрвыстæгæй. Уацмыстæ иууылдæр Хус- сар Ирыстоны трагикон хъысмæтыл (фæстаг дыууын азы дæр- гъы) фыст сты æмæ сæ рафæлдисæг уый фæдыл зæрдæтыхс- тæй дзуры адæммæ: «...уæззау тохы бонты бирæ туг ныккалд нæ зæххыл, æгæрон бирæ цæссыгтæй фехсадтам ирон сахъгуырдты цыртытæ... Ныр, нæуарзон сахарыуынгты фæцæйцæугæ, зæрдæ ныккæрзы - кæддæры рæсугъд хæдзæрттæ сыгъд, пырх; алы ран - фæнык æмæ быроны рæдзæгъдтæ, дзæнхъа дурæй конд цыр- тытæ - знаджы нæмыгæй чи кæм фæмард,уым ын - цырт... Æмæ риссы зæрдæ, цæстытыл уайынц хæсты бонты нывтæ, хъусты зæлынц ракетæты гуыр-гуыр, автоматты къæр-къæр, минæты гуыппытæ...». Ахæм лирикон уагыл, зæрдиаг æмæудæргомæй фыст сты Ме- рийы радзырдтæ æмæ йæуацтæ дæр. Уый сиды, нæ адæмæй чи- ныг кæсын чи зоны, уыдонмæ се ’ппæтмæ дæр: «...радзурæм нæ дзуринæгтæ æцæг цардæй ист хабæрттæ æмæ нывты хуызы; радзурæм нæ зæрдæйы судзæгтæ, кæд нын цъус фенцондæр уаид цæрын...». Чизоны, Мерийы фæндиаг нæ сæххæст уа, кæд йæ дзуринæгтæ аив æмæ зæрдæмæхъаргæ фыст сты,уæддæр. Фæлæ йын йæ цар- ды нывтæ æмæ сагъæстæ, махау, лæмбынæг чи бакæса, уымæн æнæмæнг фенцондæр уыдзæн йæ царды стыр уæз æмæ йæ хъуы- дыйы тыхстуромын ацы æнæрай дунейы, ацы ронбæгъд дуджы... Бирæ не сты, ацы чиныг цыуацмыстæй кондууыдон - дыууæ æмæ ссæдз радзырды, сæ фæстæ - фондзуацы. Гъе, фæлæ адæй- маджы зæрдæмæ хъары сæ лиризм (уый сæйраг миниуæгу Мерийы дзырдаивады), сæ зæрдиаг æмæ зæрдæргом ныхас. Кæсысуацмыс
æмæ хатыс, фыссæгæн йæ дзуринæгтыл йæ зæрдæ куыд рыст æмæ куыд риссы, стæй куыд рисдзæн йæ цæргæ бонты алыуысм дæр,уый. Мерийы ныхас ахæм зæрдæргом у, цæуыл фæнды ма дзура, уæддæр. Æмæ канд нывæфтыд радзырдты нæ, фæлæ ирон аива- ды кусджытыл, йæ хистæртыл æмæ йе ’мгæрттыл куы дзуры, уæддæр. Ахæм сты йæуацтæ (мысинæгтæ) композитор Галаты Барисыл, фысджытæ Дзугаты Георги, Миндиашвили Серго æмæ Къæбысты Зауыры тыххæй, Гæздæнты авд æфсымæры сæфтыл... Мерийы радзырдтæ иууылдæр сты, нæ адæм фæстаг ссæдз азы дæргъы цы стыр тугуарæн хъизæмары ныссагъдысты, цы фыдæвзарæны, æвидигæ маст æмæ хъыг бавзæрстой, уый ныв- тæй æмæ сагъæстæй амад. Зын у лæгæн уыдон нывтæм кæсын, уыдон фæдыл фыссæджы удхъæдгом ныхасмæ хъусын. Уымæн æмæ автор демæ дзуры иузæрдыг хæларау раст дын цыма дæ саударæг хо йæ удхайраг цардæй хъаст кæны, уыйау Гье, æмæ ды дæр зæрдæйы хъустæй ахсысуыцы хъаст æмæ йыл мæт кæныс дæ зæрдæйы рæбын. Мерийы аивады ацы миниуæг зæрдæйы цæсгП уыны йæ алы уацмысы дæр. Райсæм æмæ æркæсæм, чиныг цы радзырдæй рай- дайы, уымæ. Аиву йæ ном дæр - «Хуры цæссыгтæ» - ома, цы тра- гикон хабар æрцыд, уый мидисыл, космосыл цы хуры цæст æх- хæссы, уый дæр кæуынмæ, цæссыгтæ згъалынмæ фæци, ахæм æвирхъау фыдракæндмæ йæхи нал баурæдта... Радзырды сюжетон æлхынцъ хæрз хуымæтæг æмæ цыбыру: иу æвзонг чызг автобусыл цæуыхохы сæрты Цхинвалмæ. Ном дæр ын нæй радзырды - барæй, ома, ахæмтæ хъаймæты фыдæвзарæны цы адæм ныххаудтой, уыдон æхсæн бирæ ис, сæ ном, сæ трагикон хъысмæтау иу æмхуызон - фыдгулты тугмондаг ныббырсты амæттæгтæ... Чызг цæуы Цхинвалмæ йæуарзон лæппуйы фенынмæ, æнахуыр фын федта æмæ йæ зæрдæ ’хсайы: хæстон лæппутимæ лæууы, адæмы хизынц лæбурæг бирæгътæй... Автобусы иу ус дзуры йæ фарсмæ бадæгæн йæ лæппуйы, йæ хъæбулы мæлæтыл фыдгул- ты ныхмæ сæруæлдай хæсты. Чызгæн йæ зæрдæ ноджы уынгæг кæны æмæ та йæ зæрдыл æрлæууы йæ дысоны фын... Хидæн дыу- уæрдыгæй тындзыдтой кæрæдзимæ, фæлæ... Æвиппайды цыдæр
æрцыд - хид фæхъил æмæ айсæфт. Нал фæзынд лæппу дæр... Æр- мæст ма хиды быиаты уыдис дон... Æцæг, уый дæр «цæугæ нал кодта, фæлæ - лæугæ!.. Лæууыд йæ бынаты, мæнæ парчы цад куыд лæууы, афтæ». Дон нал цæуы, нал змæлы, йæ цард фæцис... Фæзынд йæ фыд, фæлæ дзургæ ницы скодта, æрмæст «чызджы сæрыл йæ къух æрæвæрдта» æмæ чызг хаты, «куыд зыр-зыр кæ- нынц йе ’нгуылдзтæ...». Уымæй дæр бæрæгу - лæппуйыл цы ’рцыд, уыйфыдзоны... Фыны символикон ныв у хуры трагикон уавæр: «Хур æнахуыр бур-бурид пиллон калдта, цыма сыгъдис æмæ дон кодта. Дон код- та æмæ æртахгай зæхмæ тагъди. Хуры æртæхтæ фылдæрæй- фылдæр кодтой æмæ хур æмпылди, чысыл кодта æмæ дæлæмæ тылди...» Ацы нывæй, йæ символикон мидисæй чызджы зæрдæ суынгæг фыны ’гъдауæй дæр. «Хур кæуы, хур фæцис!», - ныффæдис кодта йæ хъуыды, стæй куы райхъал, уæд фæхатыд -уый хур нæ, йæхæдæг куыдта, «хуылыдз базуыд йæ дыууæ къухы ’хсæн». Автобус Цхинвалмæ куы ’рхæццæ, уæд лæбурæг фыдгултæ æмæ горæты хæстон лæппуты ’хсæн хæст йæ тæмæны бацыд, фæлæ чызг мæлæтæй дæр нал тæрсы, сæ хæдзары балæууыд æмæ телефонæй дзуры йæ уарзонмæ. «Дим, ам дæн...», - куы загъта, уæд æм лæппу æрбадзырдта: «Зонын æй...». «Кæцæй?», - фæдисау чызг. «Фыны дæ федтон...». Иудзырдæй, афтæ зыны, цыма ницы ’рцыд лæппуйыл, фыны трагикон уавæры нæ бахауд хæстон лæппу, фæлæ фыссæг баф- тыдта йæ радзырды сюжетмæ уац хæстон боныгæй. Ома, æцæг хабар, «цардæй ист дзуринаг»: лæбурæг фыдгулты нæмыгæй фæ- мард курдиатджын ирон фыссæг Гуыцмæзты Алеш, «йæ дыууæ æнахъом чызджы æнæ фыдæй аззадысты...». Авторы зæрдыл æрлæууыд, Алеш йæ чызджыты рæвдауæндонмæ куы кодта,уый ныв: иуæн дзы йæ къухыл хæцыд, иннæйы йæ цонгыл хаста æмæ йæ цæсгом уыд «райдзаст, цыма æнæхъæн Ирыстон йæ хъæбысы хæссы». Æмæ йæуæлвæд - ног æрхæндæг информаци: горæты зæронд хидæн фаллаг фарс автор баййæфта кæугæ æртæ сылгоймаджы æмæ йын уыдон^«хъæрæй кæугæ» загътой: «Хъæцмæзты лæппу- йы амардтой... Иæуарзон чызгæн йæ цæсты раз систа йæуд...».
Фыиы цы трагикои цау æрцыд, уый разыид «æцæг цардæй ист». Ирæн уарзои фыссæг Алешы æмæ æнæном чызгæн уарзон лæппуйы трагикон мæлæт æвдыст æрцыд ирон адæмы хъыс- мæт, трагизмæй хъуырмæ над хъысмæт символы хуызы. Æмæ ацы ныв лæудзæн чиныгкæсæджы зæрдыл, цалынмæ ирон адæмы фыдæвзарæныл хъуыды кæныимæ арæзтуа,уæдмæ. Нал дзурыи Цхуырбианы иннæ уацмыстыл: нæдæр сæ аив- тыл, нæдæр сæ иуæй-иу чысыл аиппытыл, нæдæр йе сфæлдыста- дыл æнæхъæнæй. Æниу, йе сфæлдыстадыл афæлгæсын æмбæ- лы нæ литературон критикæйыл. Уымæи æмæ Мерийæн ныр- тæккæ йæ «фæззыгон най» æфснайын æмæ æрбæстон кæнын афон у. Бирæ фæлæггад кодта нæ литературæйæн йæ оригина- лон уацмыстæй дæр æмæ йæ курдиатджын тæлмацгæнæджы аивадæй дæр - бирæ уацмыстæ фæивта ирон æвзагæй гуырдзи- агмæ æмæ иннæрдæм дæр. Гъе, фæлæ мын уыдоныл дзурыны фадат нæй. Зæгъын ма мæ фæнды хуымæтæджы фæндиаг: Мерийæн йæ «фæззыгои най» ахадæн у курдиатджын фыдæбоны фæстиуæг у æмæ мæ зæр- диагæй фæнды, йæ фæззыгон бонтæ бир-бирæ куы разыниккой æмæ сæуæнгрог æмæ зæрдæрайгæйæ куы батонид! Хуыцау зæгъæд! Нафи 21май,2011
ЯЪ1(ЖУЖ Дæ бон хорз, мæ зынаргь чиныгкæсæг! Дзæвгар рæстæг рацыд, фæстаг хатт ма мыхуыры фæрцы кæрæдзийыл куы фембæлдыстæм, уæдæй нырмæ. Уымæн йæхи аххосæгтæ уыд, фæлæ дæ бауырнæд, æз алы бон дæр, дæуыл хъуыдыгæнгæ, æрвыстон мæ цард. Цы ирон йе ’взаг, йæ адæм, йæ райгуырæн бæстæйыл нæ тыхсы, нæ ауды, йæ сомбоныхуыздæрыл нæхъуыды кæны,уымæн йæ цард афтиду, ницæйаг. Мæн ницæйаг цард никуы хъуыд! Мах - æз æмæ ды, мæ зынаргъ чиныгкæсæг, иумæ æрвыстам хъизæмайраг зын бонтæ, мæйтæ, азтæ. Ацыуæззау тохы бонты бирæ туг ныккалд нæ зæххыл, æгæрон бирæ цæссыгæй фехсадтам ирон сахъгуырдты цыртытæ... Ныр, нæ уарзон сахары уынгты фæцæйцæугæ, зæрдæ нык- кæрзы - кæддæры рæсугъд хæдзæрттæ - сыгъд, пырх; алы ран - фæнык æмæ быроны рæдзæгъдтæ, дзæнхъа дурæй конд цырты- тæ - знаджы нæмыгæй чи кæм фæмард,уым ын - цырт... Æмæ риссы зæрдæ, цæстытыл уайынц хæсты бонты нывтæ, хъусты зæлынц ракетæты гуыр-гуыр, автоматты къæр-къæр, минæты гуыппытæ... Дзуринæгтæ нын бирæ ис, мæ зынаргъ чиныгкæсæг. Цæй, уæ- дæ, радзурæм нæ дзуринæгтæ æцæг цардæй ист хабæрттæ æмæ нывты хуызы, радзурæм нæ зæрдæты судзæгтæ, кæд нын цъус уæддæр фенцондæруаид цæрын...
м/е хо л^тжйушк Уый ды дæ алкæмæй тыхджындæр, Чи фæриссы мæнæн мæ рыстыл; Уый ды дæ, мæ чысыл æнтыстæй, Чи вæййы буц æмæ сæрыстыр. Мæнæн та дын цыумæ бон, мæ хо, - Мæхъыгтæймын ноджыдæр акай. Æз та дын мæ «рог» фыдæбæттæй Лæварæн æрвитын ныр а хай. Тæхуды, кæддæрау та ногæй Дæ юморыуылæнты батай! Фæлæ... Хатын æй, - мæ фыстытæй Бафтаудзынæн дæуыл æз катай. Фæрсдзынæ: - «Цымæ цæмæн афтæ Цæссыгтимæ фыссы мæ хъал хо?!» - Уæдæуыл куыд фыссон? - Гули ром Тквенив тъкъивилебит мтъкъива, халхо!1 2003 азы25 май 1 Мæ зæрдæ уæ рыстæй куы риссы, адæм! (Гуырдз.)
хуфы у#ссъ1<нтж Арын дзы Хъæцмæзты Анатолийы фырт Димæйы рухс ном Автобусмæ куы схызти, уæд дзы нырма бирæ сæрибар бы- нæттæ уыдис. Бæлццæттæ кæрæдзимæ дæрдты-дæрдты бад- тысты. Кæмæн кæм фæцыдис йæ зæрдæмæ, уым æрбынат код- та. Æрмæст иу ус æмæ лæг бадтысты иумæ автобусмæ схизæн дуары цур, фыццаг рæнхъыл. Йæ цæст сыл ахаста æмæ йын дзы зонгæ ничи разынд. Стæй уый дæр сæрибар бандоныл æрбадти. Бæлццæтты йæхинымæры анымадта: «дыууæ, æртæ, цыппар, фондз, æхсæз, авд, аст, - йæхи дæр сæм баппæрста, - фараст. Уфф, цалынмæ бынтон нæ байдзаг уа, уæдмæ куынæ анкъуыса, уæд...» Стæй, йæ къухы цы чысыл хызын уыд, уый йæ фарсмæ хъуамæ æрæвæрдтаид, æмæ ныр фæкомкоммæ - бадæны дермантин скъуыд уыд æмæ чъизи бæмбæг сзынд. «Исчи схиздзæн æмæ мын зæгъдзæн, «чысыл ма бафалдæр кæн», æмæ уым куы сбадон, уæд мæ къаба счъизи уыдзæн, кæнæ телыл схæцдзæн...». Сыстад æмæ размæ рацыди. Шофыры фæстæ цы бандон ис, уый дæр сæрибар уыд. Уым æрбадти. Фæрссаджы ’рдæм баввахс кодта йæхи æмæ йæ къæхтæ къуыппгонд астæрдыл сæвæрдта. Йæ уæрджытæ фæуæлиау сты. «Бадынæн æнæарæхст бынат у, фæлæ нал фæивдзынæн мæ бандон, адæм мыл сæ цæст æрæ- вæрдзысты - цы размæ-фæстæмæ кæны ацы чызг, зæгъгæ». Адæм та - бæлццæттæ - æппындæр сæ хъус нæ дардтой чызг- мæ, бадтысты хъуынтъызæй, мæстæлгъæд цæсгæмттæй æмæ фæрссæгтæй æддæмæ кастысты. Æрмæст уыцы дыууæ, схизæны бадæг ус æмæ лæг, сабыр хъæлæсæй ныхас кодтой кæрæдзиимæ. Сылгоймагыл саутæ уыд. Йæ сау кæлмæрзæн суанг йе ’рфгуыты онг æркодта. Бæрзонд зынд, фæлæ къæсхуыр, даргъ цæстыхау- ты ’хсæнæй донæйдзаг цæстытæ æрттывтой. - Афтæ мæ æрбасаухæдзар кодта... Фæлтау йæ мад куы амар- даид... - йæ къухтæ йæ уæрджытыл усæн. - Цас ын фæлæгъстæ кодтон, рацу немæ, хъæбул, ды дæр рацу. Ам æнæ мах куыд
уыдзынæ? Хæст æмæ нæмыгæй алчи йæхи хизы, ды та иунæгæй ам... Сдзурын дæр мæ нал бауагъта: цæй иунæг, дам; дæн, горæты лæппутæ иууылдæр иумæ стæм. Уыдон кæм уой, æз дæр - уым. Нæ басаст, нæ мын ракуымдта фалæмæ, æмæ мын хæсты фыц- цаг къуырийы... - йæ хъæлæс фескъуыд сылгоймагæн, кæронмæ зæгъын йæ бон нал баци, йæ къухтæ ма æнæбары йæ уæрджытыл арадав-бадав кодта. - Ех, цы дæ зæрды ис, мæ хойы хай, цы нæ бон у? - къæхты бынæй ныууынæргъыдта лæг. «Амардтой... Йæ хъæбулы йын амардтой, - ахъуыды кодта чызг æмæ та йæ зæрдæ уымæ ахсайдта. - Удæгасæй йæ ныййа- фон... Æрмæст удæгас уæд, æндæра мæ мæ мад бæтгæ куы кæна, уæддæр рацæудзынæн, рацæудзынæн æмæ йæ фендзынæн. Уый афтæ зоны, æз горæты нæ дæн. Куыддæр ныххæццæ уон, афтæ йæм телефонæй фæдзурдзынæн. Куыд фæдисау уыдзæн, мæ хъæлæс мын куы фехъуса! Уыцы тæккæ ралидздзæн мæ раз- мæ!... Бынаты куынæ уа? Æхстытæ куы райдайой? Цыфæнды ма æрцæуа, æрцагурдзынæн æй, ссардзынæн æй æмæ мæм ралидз- дзæн. Зæронд хиды цур æм банхъæлмæ кæсдзынæн. Ныр нал бамбæхсдзынæн парчы дуары фæстæ... Цыхуызæнфæнды æхс- тытæ уæнт, уæддæр рацæудзынæн æмæ йæ фендзынæн». Шофыр та нал æмæ нал зынд. «Тагъд куы кæнын, уæд хъуамæ байрæджы кæнон, æндæр гæнæн дзы нæй. Мæ мад та мæм хæцдзæн: «Алчи йæ сывæллоны æдас бынат- мæ акодта, ай та, фæкæс, æмæ дæ уæлхъус февзæрди. Мæ бон дæ нал у! Цалыл уæ мæт кæнон? Нæмгуыты ихуардмæ чи лæууы, æви дæуыл...». Мæхи дзæбæх гыцци, зоны йæ, тынг дзæбæх дæр æй зоны, цæй тыххæй мæ нæ хæссы мæ къах хæдзарæй, фæлæ мын барæй ницы дзуры... Йæ кой мын не скæны, тæригъæд мын кæны...». Раззаг дуарæй ма ноджыдæр дыууæ сылгоймаджы схызт автобусмæ, сæ къухты - хызынтæ. Бынат цæстæй ацагуырдтой æмæ иумæ æрбадтысты. Уæдмæ шофыр дæр разынд. Кабинкæмæ схызти, йе ’ргом адæмы ’рдæм скодта æмæ, салоны æмбис афтидæй куы ауыдта, уæд йæ къæбут аныхта, сахатмæ ’ркаст æмæ, алчи дæр æй куыд фехъуыстаид, афтæ хъæрæй сдзырдта: - Иу сахатæй фылдæр ныффæстиат кодтам. Æрбацæуинаг чи уыд, уый афонмæ зындаид, кæдмæ ма лæууæм?
- Ацæуæм, ацæуæм, - иу-цалдæрæй иумæ загътой. - Гъе, æмæ уæдæ цæугæ! - фездæхт, рулы тæлыйыл хæцгæ, æрбадт æмæ машинæ скусын кодта. Машинæ, цыма истæмæ хъуызы, афтæ арæхстгай атылд æмæ стæй йæ цыд фæтагъддæр. Чызг размæ касти æмæ æрмæст шофыры фæтæн уæхсчытæ уыдта. Стæй фæрссагæй акаст. Йæ размæ бæлæстæ згъордтой, згъордтой къутæртæ, хæдзæрттæ. «Адон ам баззайдзысты, сæ бынаты, мах та тагъд уым, Цхин- валы фестдзыстæм», - йæ зæрдæ фырцинæй йæ риуы скафыд, æмæ æвиппайд куы фæхатыд «уым» цытæ цæуы, уæд фæстæмæ йе уæнгтæ æрызгъæлдысты... Тагъд уырдыгвæндаг райдыдта. Дзыхъхъытæ-къуыппытæ фæндæгтыл машинæ, фесхъиуфесхъиугæнгæ, цыд æмæ адæмы уыгъта. «Цæлхытæм хæстæг кæй бадын, тынгдæр уымæн гæпп-гæпп кæнын», - ахъуыды кодта æмæ йæ къабайы фæччитыл йæ уæрджытæм æрхæцыд. - Уæддæр цæй диссаджы фын федтон ды- сон!.. Фын, дам, ницы давы, уæдæ мын афтæ тынг цæмæн схъæс- тæ кодта мæ зæрдæйы уаг? Мæ сæрæй нал æмæ нал фæиппæрд, нал мæ рох кæны. Нæй, абон æй хъуамæ фенон. Куы амæлон, уæддæр æй хъуамæ фенон. Куыд мæм хъæр кодта уыцы фарсæй: «Ме ’рдæм, ме ’рдæм ралидз!», - йæхæдæг уæлæмæ, хиды ’рдæм фæцæйзгъордта. Æз дæр лыгътæн, лыгътæн удаистæй æмæ, хидмæ куы бахæццæ дæн, уæд æрлæууыдтæн, мæ уд мæ хъуыр- мæ схæццæ. Хиды хъус æрлæууыдтæн æмæ банхъæлмæ кастæн. Уый мæнæй раздæр бахæццæ хидмæ æмæ мæм рацæйуад. Æз ын йæ цæсгом дæр ирдæй уыдтон, æрмæст мидбыл нал худт раздæрау, æрфыгæлхынцъæй мæм тындзыдта æмæ йыл нæ фи- дыдта уыцы бакаст... Стæй æвиппайды, цыма хид фæхъил, бын- мæ ауæз кодта æмæ... Нал фæзынд, айсæфт, цыма æппындæр никуы уыд ацы ран. Налдæр мæм уый фæзынд. Хиды бынаты та æрмæст дон уыд æмæ дон цæугæ нæ кодта, фæлæ лæугæ! Лæу- уыд йæ бынаты, мæнæ парчы цад куыд лæууы, афтæ. Æз та доны лæууын, мæ фадхъулты онг доны лæууьш æмæ мæ фæнды, фæхъæр æм кæнон: «Димæ, Димæææ!..», - хъуырæй нæ хизы хъæр!..
Доны алæгæрдон, зæгъын, æмæ нæй, мæ къæхтæ размæ ницы хуызы змæлынц. Фаллаг фарсæй иу лæг рацæуы. Арæхстгай æрбахызти, фæлæ диссаг: доны сæрты цæуы æмæ, цыма Чырысти у, - нæ дæлдон кæны, йæ къæхтæ дæр нæ хуылыдз кæнынц. Æрбаввахс мæм ис æмæ худы, мидбылты мæм худы... Æмæ йæ базыдтон - йæ фыд! Йæ фыдуыди!.. Æрбацыд хæрз æввахс æмæ мын мæ сæрыл йæ къух æрæ- вæрдта. Æз хатын, куыд зыр-зыр кæнынц йе ’нгуылдзтæ æмæ мæ фæнды, бафæрсон æй... Уæдмæ мæ йæ дыууæ къухæй фел- вæста, систа мæ уæлæмæ æмæ мæ, сывæллонау, йæ риумæ бал- хъывта. Æз йæ уæхсчы сæрты хурмæ фæкомкоммæ дæн... Хур æнахуыр бур-бурид пиллон калдта, цыма ссыгъдис æмæ дон кодта. Дон кодта æмæ æртахгай зæхмæ тагъди. Хуры æр- тæхтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой æмæ хур æмпылди, чысыл кодта æмæ дæлæмæ тылди... Ахæм æнахуыр цыдæр уыд æмæ фæтарстæн. Хъуамæ йын загътаин: «Суадз мæ, хурмæ скæс, хур кæуы, хур фæцис!» Фæлæ нæй! Хъæлæс былтæй дарддæр нæ хъуысы. Куы райхъал дæн, уæд хуылыдз баз мæ дыууæ къухы ’хсæн... Нырма сбонмæ, æвæццæгæн, бирæ хъуыд, фæлæ мæ цæст цъынд нал федта. Фæрафт-бафт, фæхъуырдухæн кодтон, мæ хъуыдытæ мæ кæмыты нæ фæрахæсс-бахæсс кодтой... Афтæ тынг мæ æрфæндыд йæ фенын... хуыдуг кодтон...». Автобус сахармæ æрбацыд. Исахъы уынгыл баурæдта шофыр æмæ, куыддæр дуар фегом, афтæ чызг фыццаг ныггæпп ласта асфальтмæ, йæ хызыны бос йе уæхскыл баппæрста æмæ лидзгæ, лидзгæ... Хур, майы хъарм хур æй фæстейæ сырдта, йæ фæсон- тыл тыхст, чызг та... згъоргæ, згъоргæ... Æфснайæн лагъзы цурмæ куы ’рхæццæ, уæд цыма арв нын- нæрыд, алыхуызон мæлæтхæссæг хотыхтæй ихуарæгау кодтой нæмгуытæ.Чызг ма хæдзары къулмæ йæхи балхъывта. Уæдмæ сахары ’рдыгæй дæр сниудтой хæцæнгæрзтæ æмæ уæлдæф зын- дон фестад. Æввахс кæмдæр ракетæ спырх æмæ хæдзæрттæ базмæлы- дысты, рудзгуыты æвгтæ æрызгъæлдысты. Чызг йæ дыууæ къу- хы йæ риумæ балхъывта æмæ цъынддзастæй лæууыд...
Цас рæстæг рацыд - дæс, ссæдз минуты æви æнæхъæн цард!.. Стæй басабыр бæстæ, бамыр... Чысыл рæстæг ма алæууыд, стæй уырдыджы ныллыгъд, Со- михы уынгмæ ныххæццæ æмæ музейы раз æрлæууыд. Тигъæй хидмæ акаст. Хид Гуры æрбацæуæнæй дæр æмæ, Згъудеры ар- гъуаны фæстæ æмбæхст чи уыд, уыцы рæстдзæвинтæм дæр зынд, цыма сæ армытъæпæныл æвæрд уыдис, афтæ. «Куыддæр хидмæ бахизон, афтæ мæ суындзысты æмæ фех- сдзысты. Хуыцау дæр сын нæй, науæд сын Хуыцау куы уаид, уæд Хуыцауы кувæндонæй æхсиккой!» Къулгæрæтты рацыд æмæ хидмæ куы бахæццæ, уæд уыцы фарс комиссион дуканийы раз нæхиуæтты лæугæ суыдта. Лыгъд та радта æмæ цæстыфæныкъуылдмæ сæ цуры февзæрд... Ныр хæдзар хæстæг у. Фондз минуты ма æмæ... Ам ын фенцондæр ис: кæм - хæдзæртты аууæтты, кæм - æмбондгæрæтты æмæ ... Сæхимæ бамидæг ис... * * * - Алло! Хъусын... - Дим, ам дæн... - Зонын æй... - Куыд?..Кæцæй? - Фыны дæ федтон... -?!. Х/Е(ЖЪ1 ШСЖШЖЪ! ЪОЯЫТЛЯ 1992 аз, 28 май. Абон, фæндзæм скъолайы кæрты цы патриотты уæлмæрд сырæзт, уыдонмæ Гуыцмæзты Алеш бафтыд. Амардтой Алешы, нæхи Алешы... ^Курдиатджын фыссæг, æгъдауджын, лæджыхъæдджын нæл- гоймаг. Æцæг ирон^лæппуйы амардтой, Хуыцау сын æй ма ных- хатыр кæна, æмæ йæ дыууæ æнахъом чызджы æнæ фыдæй аз- задысты. (Мæ цæстытыл уайы, иу дзы йæ цонгыл бады, иннæмæн йæ къухыл хæцы æмæ рæвдауæндонмæ фæцæуынц, йæ цæсгом райдзаст, цыма æнæхъæн Ирыстон йæ хъæбысы фæхæссы).
Астæуæй уæлæмæ уыд пырх... Цæсгом, йæ рæсугъд цæсгом нал уыд... нал уыд цæсгом... Налдæр кæуын у мæ бон, налдæр мæм дзурын цæуы. Нæ зо- нын, кæд ма æрлæудзæн ахæм дуг, æмæ зæрдæнцойæ хъуыды кæнын бауа мæ бон! Алешы куы бавæрдтам, уæд та æхсын райдыдтой. Нæмгуыты къæр-къæрмæ хъустæ къуырма кодтой. Ныр æртæ боны - 25- 26-27 май æхсæвæй, бонæй нал æнцайынц, - пырх кæнынц хæ- дзæрттæ, цæгъдынц адæмы... Хидæн уыцы фарс, нæ сых - фрон- ты раззаг хахх - æнæахуысгæ зынджы арты... Хидмæ куы схызтæн, уæд мæ фæрсты тагъд æххуысы маши- нæ рацæйтахт. Мæ зæрдæ ныккæрзыдта: кæйдæрты та фæласы... Дзулуæйгæнæн магазины къæсæргæрон нæ сыхæгтæ - æртæ усæй куыдтой, хъæрæй куыдтой. - Циу, цы та æрцыд? - бафарстон сæ. - Хъæцмæзты лæппуйы амардтой. Парчы уыдысты йæ уар- зонимæ. Ныхас кодтой æмæ чызгæн йæ цæсты раз систа йæ уд... шштшммл яштъуъмтл ямош Тедеты Раздены фырт Гочайы рухс ном дзы арын Уыцы райсом дæр та гæрæхтимæ сбон ис сахарыл... Хур фæс- хохæй нырма чысылгай сдардта йæ был, стæй иугæндзон стылд, ныррухс кодта бæстæ æмæ иу уысм æдзынæгæй аззад: ай дысон йæ быны зæхх зындоны арт куы фестад! Сыгъдысты хæдзæрт- тæ. Адæм, мæлдзгуытау, разгъор-базгъор кодтой - æдасдæр бы- нат агуырдтой. Уæлейæ та сыл ихуарæгау кодтой нæмгуытæ, тæвд схъистæ æмæ минæты срæмыгъдæй хæрдмæхауæг сыджы- ты къуыбæрттæ... Сау фæздæг, пæлæзау, фæйлыдта сахары сæрмæ... Æмæ хур ноджыдæр уæлæмæ-уæлæмæ систа йæхи, цæмæй хуыздæр ныр- рухс кодтаид алцы, цæмæй хуыздæр федтаид æмæ йæ зæрдыл бадардтаид уыцы сыгъд æмæ пырх хæдзæртты, тугхъулон уынг- ты, нырма дæр æнæныгæд мæрдты. , Сахармæ бацæуæнты алы ран хъахъхъæнджытæ лæууыдыс- ты. Лæууыдысты фæсивæд æхсæвæй, бонæй.
Кæмæн йæ къухы - автомат, кæмæн - хуымæтæджы винтов- кæ, сæ фылдæр та æнæ хæцæнгарз - нæ сæм уыд. Фæлæ уæддæр ам се ’мбæлттимæ лæууыдысты. Афтæ хъуыд, уæдта цы... Кæ- рæдзийæн æххуыс æмæ ныфсæн. Лæппу бонырдæм æрбацыд хæдзармæ. Фырæгъуыссæгæй йæ цæстытæ сыгъдысты, æххормаг дæр уыд. Цалынмæ йын мад хæринаг йæ размæ хаста, уæдмæ диваныл йæхи æруагъта æмæ уыцы тæккæ афынæй. Нал æй райхъал кодта, уадз, æмæ баулæфа, афтæ йын хуыздæр у, зæгъгæ, йæхинымæры ахъуыды кодта мад. Фынæй кодта лæппу æмæ йæм æхстыты хъæртæ уæддæр хъуыстысты дардæй, цыма тынг дардæй, фæлæ уæддæр йæ хъустыл уадысты гæрæхтæ... Хæсты ацы цыбыр рæстæджы дæр адæм ацахуыр сты цыфæнды хъæр æмæ гæрæхты уынæрмæ дæр фынæйыл. Афынæй кодта иудзæвгар, стæй йæ цыма исчи фесхуыста, аф- тæ æвиппайды фехъал. Фæрссагæй акаст, кæд мын æгæр фынæй нæ фæцис, зæгъгæ, фæлæ нырма раграйсом уыд. Сыстад, йæхи ахсадта æмæ фынджы цур æрбадти. Адджынæн хордта æмæ-иу æм мад аивæй бакаст - Ради, йæ хъæбул хæдзары уыд. «Иннæ цæмæн æрæгмæ зыны, цымæ?», - йæ зæрдæ ахсайд- та æмæ фæрсæгау бакодта: - Гия дысонæй нырмæ куынæ зыны, уæд... - Ма тæрс, æрбауайдзæн, - æнæмæтгонд хъæлæсæй йын сдзуапп кодта, цæмæй мад ма тыхса. Хæрд фæцис æмæ рæвдз фестад фынгæй. - Æз ацыдтæн, гыцци, ма-иу тыхс, - æмæ дуарæрдæм фæраст. - Гоча, уæхи-иу хизут, мæ лæппу. Уый йæм йæ мидбылты бахудти: - Алыбон мæ уымæй куы фæдзæхсыс, чысыл ма дæн... Цалынмæ кæртæй уынгмæ ахызти æмæ йыл цæст хæцыд, уæд- мæ мад къæсæрыл лæууыд æмæ йæ фæстæ касти. «Мадымай- рæм, ды у мæ сидзæрæй хъомыл лæппуты хъахъхъæнæг», - сабыр хъæлæсæй сдзырдта, стæй баздæхт мидæмæ æмæ фынг æфснайыныл схæцыд. Лæппу уынджы кæронмæ фæцæйхæццæ кодта, афтæ йæ зæр- дыл æрбалæууыд - хæдзарæй рацийы «батарейкæ» хъуамæ ра- хастаид. Æрлæууыд. Сахары хуссарæрдыгæй æхстой - уырдыгæй хъуыстысты нæмгуыты къæр-къæр æмæ сармадзанты гуып- пытæ. <®^3^§^' 17 ^х^^З^Р *2
Тынг зивæг кодта фæстæмæ аздæхынмæ, фæлæ дзы æндæр гæнæн нæ уыд. Дыууæ æви æртæ хæдзары фæуагъта йæ фæстæ, афтæ нызгъæлстой, ныр та ацырдæм райдыдтой æхстытæ. Хæ- дзары къулы аууон балæууыд æмæ йæхицæн хынджылæгæй ныфс æвæрдта: «Æз амондджын гуырд дæн, мæн нæмыг не ссар- дзаен». Йæ хъус адардта. Цы хуызы хæцæнгæрзтæй нал æхстой æмæ цал æмæ цал хуызы хъæр не схæццæ иумæ! Лæууыд æмæ йæ- хинымæры фæлгъуыдта: «Уый автоматы хъæр у, уый - пулеме- ты... Ракетæ...». Лæппутæ тыхст рæстæджы тагъд ахуыр кæнынц, нæлгой- магмæ цы хъуыддæгтæ хауынц, уыдоныл. Иудзæвгар куы алæууыд, уæд æхстытæ афтæ æвиппайды фе- скъуыдысты, тæрккъæвда куыд фæлæууы æнæнхъæлæджы, аф- тæ. Лæппу лыгъд радта... Хæдзармæ ма йæ хæрз чысыл бауайын хъуыд, афтæ та фæстæмæ ныннæрыд бæстæ. Кæмдæр тынг æв- вахс æрхауд минæ æмæ зæхх барызт, лæппуйы цыдæр уæлæмæ, арвмæ фехста, стæй йæ æвиппайды зæххыл фæкодта. Цæстыфæ- ныкъуылдмæ фæгæпп ласта æмæ иу, æрмæст иунæг къахдзæф акодта размæ, стæй, карст мæнæуы æфсирау, æрхауд. Æхстытæ, хъустæ къуырмагæнæг гæрæхтæ тынгæй-тынгдæр кодтой. Куы - ам, куы - уым рæмыгътой минæтæ. Бынæй уæ- лæмæ æхст сыджыт фæстæмæ зæхмæ уарыд æмæ фæздæг, чъи- зи, сыджытимæ змæст фæздæг, арвыл, урс бæлуæтты балау, пырх æврæгътæм хæццæ кодта. Уый та - цæф лæппу - дæлгоммæ хаудæй лæууыд. Йæ рахиз цонг размæ аппæрста, галиу та - риуы бын. Сыстыныл архайдта, фæлæ йæхи нал фæрæзта. Цæфæй туг, хъарм туг, сæх-сæх кодта æмæ йæ риуы бын ныццад ис. Фæхъæр кæныныл ацархайдта: - Ой, гыцци! - рыст, судзгæ рыстæй йæ цæстытæ атарытæ сты æмæ рахиз къухы æнгуылдзтæй зæхх йæхирдæм æрбахафта. Тыхамæлттæй схæцыд йæ сæрыл æмæ размæ акаст. Æрмæст ма цæхæрадоны чысыл гæппæл суыдтой фæлмбадт цæстытæ... Стæй уæззаугай æрæнцад сæр хъарм зæххыл. «Цæуылнæ мæм ралидзы гыцци, цæуылнæ, цæуылнæ мæ...», - хъуыды сæры кæронмæ нæма ахæццæ ис, афтæ, йæ хуылф ын цы судзгæ рыст æвдæрзта, уый æвиппайды фæкъуырма, фен-
цад æмæ стæй бынтондæр айсæфт, урскъабаджын чызг йæ ра- хиз къахы бырынкъыл цъилау ныззылд. Къаба айтынг æмæ, урс мигъау, сфæйлыдта. Мидбылхудгæ йæм бадаргъ кодта йæ къух, фæлæ къабайы цыма уддзæф йемæ фæцæйхаста, размæ тындзыдта æмæ дар- дæй-дарддæр кодта. «Кæдæм лидзыс, цæмæн мæ лидзыс... Уæддæр дæ аййафдзы- нæн, аййафдзынæн дæ æмæ дæ æрцахсдзынæн!», - йæ фæстæ лыгъдис лæппу. Чысыл-ма, чысыл æмæ йæ ацахсдзæн... Уый та - урскъабаджын чызг - худти, зыланг хъæлæсæй худти æмæ уæлæмæ, уæлæмæ, арвы ’рдæм ивæзта йæхи. Йе ’хцон, хъуытазхъæлæс худт, хъарм уылæнау ивылди лæппуйы зæрдæйыл, йæ тугдадзинты хъазгæ згъордта æмæ æддæмæ тагъди; тагъди ныр тынг чысылгай, æртахгай æмæ ахст туджы цадыл æфтыд. Иу хатт ма ферттывтой цæстыты сырх тæппытæ æмæ буар цавæрдæр фæлмæн мигъты хъæбысы аныгъуылд. Стæй схæцыд уæлæмæ, уæлæмæ æмæ урскъабаджыны фæстæ аленк кодта. Йæ тых, йæ бонæй размæ, размæ, æмæ йæ аййæфта. Аййæфта йæ æмæ иумæ, фæрсæй-фæрстæм стахтысты урс æврæгъты сæрмæ. ...Уыцы иу уысмы, цæсты иу фæныкъуылды бацыд лæппуйы æнæхъæн цард... ХЛСЛХЪ! ШСЛХÆЮЖЪ! ЪОМЫГÆЙ 1992 аз, 21 июль. Абон æз æмæ Нана Гочайы дыууиссæдзæм бонмæ ацыдыс- тæм. Йæ боны нын фадат нæ фæцис. Куы йæ амардтой, уыцы бон (16 июнь) нæ, фæлæ æнæхъæн мæйы дæргъы Леуахийæн фал- лаг фарсмæ ахизæн нæ уыд. Хид - нæ сых сахары центрмæ кæуыл фæхизы - ныхмæлæууæджы рæстдзæвинты æнæаскъуыйгæ æхстыты бын уыд. 14 июлы фидауынгæнæг æфсады хæйттæ æрбацыдысты сахармæ æмæ ныр адон фæрцы, бынаты чи баззад, уыдонæн æддæмæ рацæуыны фадат фæцис. Хæсты бонты-иу чи фæмард, уыдоны кæнæ Цхинвалмæ æв- вахс хъæу Тъбеты уæлмæрдмæ ластой бавæрынмæ, кæнæ фæн- дзæм скъолайы кæртмæ. Кæд-иу дзы уый гæнæн дæр нал уыд,
уæд та хи сæрмагонд кæрты... рæстæгмæ. Згъудеры уæлмæрд знаджы къухы уыд. Гочайы дæр сæхи кæрты бавæрдтой. Ныр æй дыууиссæдзæм бон Згъудеры уæлмæрдмæ хъуамæ ахастаиккой, йæ фыдæлты цурмæ. Афтæ фæзæгъынц, мардæн, дам, йæ уд дыууиссæдзæм бонмæ йæ хæдзары вæййы. Гочайæн йæ уд дæр æмæ йæ буар дæр йæхи сæрмагонд кæрты улæфыдысты дыууиссæдз боны... Ныр æй скъахтой, систой табæт, йæ целофан ын райхæлдтой. Ингæны былыл туг цад ныллæууыд... Хуыцау, не скæнæг! Уый дыккаг мардæрцыд уыд... Мады ниуынмæ арв æмæ зæхх ныррызтысты... - Мæ хъæбулы туджы æрхæмттыл мын къахæй мачи ныл- лæууæд, уæ низтæ бахæрон... - æмæ тугæйдзаг сыджытыл фæй- нæджы лыггаг бамбæрзта... Ахастам Гочайы йе ’нусон бынатмæ. Стæй - хисты фынг... Алцы кад æмæ радмæ гæсгæ... Рухс загътам ныллæг, сабыр хъæлæсæй, къæбæр хъуыры нæ хизы... - Айсут, уæ нывонд фæуон, айсут, кæд мын æм хуыздæр фæхæццæ уаид, - хаты нæм мад. - Адон иууылдæр мæ лæппуйы чындзæхсæвмæ æрцæттæ кодтон. Къуырийы фæстæ сæ къухтæ хъуамæ æрфыстаиккой, - йæ былтæ зыр-зыр кодтой, афтæмæй дзырдта æмæ аивæй фæрсæрдæм азылдта йæ цæсгом. Уый кæ- цырдæм ахаста йæ цæстытæ, æз дæр уыцырдæм акастæн æмæ... Фæрссагмæ æввахс, къулы цур лæууыд рæсугъд, цъæхдзаст чызг. Лæууыд æмæ йæ рустыл кæрæдзийы фæстæ згъордтой цæссыгтæ... Йæ сæрмæ къулыл Гочайы стыр ныв ауыгъд... мяфы щрут Гаглойты Гаврилы чызг Иринæйы рухс ном дзы арын - Ирæ, зоныс цы?.. Æвзонг сылгоймаг кæсæны раз лæууыд æмæ йæ даргъ дзыккутæ фаста. Нæлгоймагмæ здæхгæ нæ ракодта, фæлæ йæм мидбылты бахудт æмæ:
- Цы, дам? Нæлгоймаг чысыл дæрддзæф, йæ фæстæ фæлмæн бандоныл бадт æмæ йæм афтæ цымыдисæй каст, цыма йæ рагæй нæ федта. Сылгоймагæн йæ уæлæ джинс хæлаф æмæ тæнæг бигæ свитер уыд. Фидыдтой йыл. Рæхснæг уыд, астæунарæг. - Цæй, уæдта абон куынæ ацæуис, - цыдæр мæтæйдзаг хъæ- лæсæй загъта, йæ цæст дзы нæ иста, афтæмæй. Сылгоймаг æм ныр æвиппайды фæзылд, йæ рахиз къух йæ сæрыл æд сæрвасæн, афтæмæй, æмæ бадиссæгтæ кодта: - Ныр цытæ дзурыс? Дысон афтæ куы бадзырдтам... Нæлгоймаг уæззаугай растад, йæ дыууæ къухы йын йæ уæхс- чытыл æрæвæрдта æмæ йæ ных усы ныхыл авæрдта. - Цы кодтай, дæ мæрдтыстæн, цæрынмæ, мыййаг, куынæ цæуын? Тæккæ сом изæр ам уыдзыстæм. Нæлгоймаг йæ риумæ балхъывта усы сæр: - Нæ зонын, мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры - ды абон ма хъуамæ ацæуай, - мæстæлгъæд хъæлæсæй та йын загъта æмæ йын йæ сæрæн аба кодта. - Зонын æй, цæмæн афтæ тыхсыс! Хæст цæуы ныр Цхинвалы, æхстытæ! Фæндæгтæ дæр æдас не сты, фæлæ нын дысон куы загътой, машинæтæ Чъехыл нал цæуынц, фæлæ уæлæты, Зары хъæдыл. Цæуынæн, дам, зын фæндаг у дзыхъхъытæ-къуыппы- тæ, цъыф, фæлæ, уыйхыгъд - æдас. - Хæсты рæстæджы иу фæндаг дæр нæу æдас. Куыд дæм кæ- сы, фæндагыл гамхуд ис æмæ йæ знаг нæ уыны æви? - Цæй-ма, гъо! Æвзæр фын федтай, æви цы кодтай! - рамæсты ис сылгоймаг. - Фынтæ мæ кæй нæ уырнынц, уый дæхæдæг дæр хорз зоныс, фæлæ мæ цыдæрхуызон æвзæр зæрдæйы хатт уæгъд нæ уадзы, - загъта та лæг, суæгъд кодта сылгоймаджы æмæ уаты дыууæрдæм рацу-бацу систа. Дыууæ-æртæ минуты бæрц рацыд, афтæ æддейæ машинæйы сигналы хъæр фæцыд. Нæлгоймагæн рæхуысты хуызæн уыд сигнал: «Æрбацыдысты йæм», - æнæрайгондæй ахъуыды кодта иæхинымæры. Ирæ гом рудзынгмæ бауад æмæ дæлæмæ, уынгмæ ныккаст. Кæрты «Виллис» лæууыд. Раззаг дуар ацæргæ сылгоймаг байгом кодта æмæ, уæлæмæ йæ сæр сдаргæ, схъæр кодта: - Ирæ-æ!
- Ныртæккæ, ныртæккæ фæцæуын, - ахъæр сæм кодта, стæй лæгмæ фездæхт: - Гъа, цы дæ фындз æруагътай? Сом изæр ам уыдзыстæм æз æмæ мæ лæппу. Сымах иу æхсæв исчердæм ба- фæразут æнæ мæн, - йæ хызынмæ рæвдз февнæлдта æмæ ма æнæсыбырттæй лæугæ, йæ уды хаймæ худгæ бакаст: - Цæй-ма, цы джихтæ кæныс? Афæндараст мæ кæн. Уый йын дуар бакодта, йæ рæзты йæ рауагъта æмæ стæй йæ фæстæ рахызт. «Къуырцц-къуырцц, къуырцц-къуырцц!» - тагъд къахдзæф- тæй дæлæмæ цемент асинтыл тындзыдта ус æмæ, фæстæмæ æнæ фæкæсгæ, лæгæн амыдта: - Залинæмæ скъоламæ рæстæгыл бацу, æнхъæлмæ дæм кæс- дзæн, хæринаг-иу схъарм кæнут. Дзабырты ритмикон къуырцц-къуырццæй афтид подъезд ай- дзаг, стæй уыцы хъæр æддæмæ, асфальтмæ рахызт æмæ, дзабыр- ты хицау машинæйы куы сбадт, уæд фескъуыд. Фескъуыд, фæлæ лæгæн цæмæндæр уæддæр йæ хъустыл уад уыцы хъæр. Ирæ машинæйы гом рудзынгæй йæ къух фæтылдта лæгмæ. Уый дæр йæ рахиз цонгыл схæцыд уæлæмæ... Машинæ фенкъуыст æмæ уынгмæ ахызт. Лæг уæддæр лæу- уыд æмæ йæ фæстæ каст, фæлæ утæппæт машинæты ’хсæн уай- тагъд цæстæй фæтары ис «Виллис». Лæг уæнгтæкалдæй хæдза- ры ’рдæм раздæхт. Подъезды уынæр дæр нал хъуыст, уымæн та дыууæ минуты размæйы «къуырцц-къуырцц» нырма дæр йæ хъусты зæлыд... Асин фæцис æмæ хæдзармæ бахызт. Уаты рудзгуытæм хур ныккаст æмæ уыд хъарм, æхцон хъарм, райдзаст. Аракæс-бакæс кодта къуымты - алцы йæ бынаты æфснайдæй, сыгъдæгæй. Фæлæ хæдзары хицаумæ хæдзар абон цыдæрхуызон афтид æмæ æмыр зынд, афтид æмæ æмыр... «Уый, æвæццæгæн, уымæн æмæ... Сом, сом иууылдæр тым- былæй уыдзыстæм... Ныр та уал куыстмæ ацæуон, стæй Залинæ- йы скъолайæ ракæнон», - дуар сæхгæдта æмæ горæтмæ рахызт. ...«Виллис» ног уыд. Машинæтæй йедзаг Дзæуджыхъæуы уынгтæ сæ фæстæ куы фæуагътой æмæ сæйраг трассæмæ куы раирвæзтысты, уæд шофыр рог сулæфыд, газ фæфылдæр кодта æмæ - тæхгæ.
Бæлццæттæ æнæдзургæйæ бадтысты, æрхæндæгæй - мæрд- дзыгой цыдысты Цхинвалмæ, æввахс хæстæджы зианмæ. Иу- дзæвгар куы фæцыдысты афтæ тæхгæ, уæд, шофыры фæстæ цы сылгоймаг бадт, уый йыл сбуцтæ кодта: - Цавæр у, дæ нывонд фæуон, машинæ скъæрыс æви хæдтæ- хæг? Мæ сæр разылдис. - Рæстæгыл куынæ ныххæццæ уæм... Марды куы бавæрой, уæд ма цæмæ цæуæм? Йæ мæрдон хуыз ма йын уæддæр фе- нæм, - хъынцъым зæрдæйæ загъта шофыр, фæлæ цыд чысыл фæсындæгдæр кодта. Ирæ фæстаг бандоныл бадт. Иæ къухтæ, йæ уæрджытыл цы хызын уыд, ууыл æвæрд æмæ йæ хъуыдытæ куы фæстæмæ, хæдзармæ скъæфтой, куы та - Цхинвалмæ - йæ чысыл лæппу, йæ ныййарджытæм. «Цымæ цæмæн афтæ æвзæр зæрдыл уыд абон? Æндæр хатт мæ афтæ æрхæндæгæй куыникуы æрвыста, - йæ удыхайыл ахъуыды кодта. - Æниу дзы цы ис диссагæй, алцыдæр æмбæрстгонд у: хæст кæм цæуы, уыцы ранмæ цæуын, æмæ йæ иу Хуыцауы йеддæмæ ничи зоны, кæцы уысм цы æр- цæудзæн адæймагыл. Фæлæ, уæдæ, куыд бакæнон? Мæхæдæг, - æдас ран, мæ хъæбул та - хæстон горæты! Исты йыл куы æрцæ- уа, уæд ма сæрра уон? Стæй куыд хивæнд у Уынгмæ куы рахиза... Цæргæ дæр ахæм ран кæнæм - тæккæ горæты бахизæны, хæст кæм цæуы, уым. Нæй, мæ мад, мæ фыды дæр ракæнын хъæуы, кæд та мын ра- комой! Фæлæ Астикы ницæй тыххæй нал ныууадздзынæн. Амæй- размæ дæр фæрæдыдтæн, кæй йæм байхъуыстон, тыхæй йæ хъуамæ ракодтаин. Уæддæр ын фæтæригъæд кодтон - тынг уар- зы Цхинвалы. Нæ сых - æрдæг хъæухуыз - хи ирхæфсынæн ын фылдæр фадат ис, йæ карæнтæй уынг цух нæу æмæ ...» Сылгоймаг хъуыды хъуыдыйы фæдыл нывæста, машинæ дæр йæ фæндаг цыбыр кодта. Бæлццæттæ-иу стæм хатт кæрæдзийæн исты загътой, фыл- дæр æнæдзургæйæ бадтысты. Рукъмæ куы ’рбахæццæ сты, уæд сæ æнхъæлмæ кæсын ба- хъуыд - тъунелмæ бахизæны æгæр бирæ машинæтæ лæууыд. Цалынмæ уыдон ауагътой æмæ адонæн сæ рад æрцыд, уæдмæ уал нæлгоймæгтæ рахызтысты, аулæфыдысты, зонгæтимæ аны- хæстæ кодтой. @^о^^ 23 -х^З^^
«Тъунелæй ахиздзыстæм æмæ ма стæй цас фæндаг у? Сахат, сахат æмæ æрдæгмæ хæдзары уыдзыстæм,» - æмæ йæ мады дисæфтыд цæсгом йæ цæстытыл ауад: «Иринкæ, уæддæр та дæ кæнон нæ уадзыс? Ма ратæх-батæх кæн дыууæрдæм. Нæ кæсыс?!» Машинæ Цхинвалмæ æрбахæццæ. Æхстыты хъæр никуы- цæй цыд. Æхстытæ нæ, фæлæ ма æгæр сабыр дæр уыд, цыдæр тасæфтауæг сабыр. Уынгты цъиуызмæлæг нæ зынд. Фæнык, тæвд æфсæйнаг æмæ фæздæджы тæф кодта уæлдæф. Иуæй- иу хæдзары пырхæнтæй зивæггæнгæ уæлæмæ йæхи ивæзта фæздæг. Горæт йæхи хуызæн нал уыд. Ахæм æнкъарæн ын йæ зæрдæ æрбалхъывта, цыма йæ уарзон Цхинвал зæххыл цæфтæ-къуыхтæй лæууыд æмæ йæм сидтис: «Кæм дæ, кæм дæ!?..» «Нæ, тынг раст бакодтон, кæй рацыдтæн, уымæй. Æнæмæн- гæй хъуамæ аиуварс кæнон мæ лæппуйы ацы зындоны артæй. Нырма æртæ къуырийы размæ афтæ пырх æмæ æгæндон нæ уыд нæ горæт: зыны, нал ныл ауæрдынц. Æвæццæгæн, утæппæт адæм дæр уымæн ныххæррæтт кодтой Дзæуджыхъæумæ. Мæ зæронд мад æмæ фыд та бадынц ам. Куыд байхъуыстон сывæллонмæ, цæмæн æй ныууагътон!.. А, мæнæ ай дæр нæмыджы амæттаг фæцис», - изæры бадти мæрдджынты фарсмæ, кастис табæтмæ æмæ йæ маст йæ хъуырмæ схæццæ ис. Уыцы изæр цас фæлæгъстæ кодта йæ ныййарджытæн, рацæ- ут, зæгъгæ, фæлæ йæм нæ байхъуыстой. Æгæрыстæмæй, чысыл лæппуйы дæр нæ фæндыд ацæуын. - Ам, дада æмæ йæм нанайы цур хуыздæр каст. Дада йæм иугæндзон хыл кодта: «Уынгмæ ма цу, фыдбылызы мæ æппарыс! Исты дыл æмбæлы!» Фæлæ уæд- дæр ам, зæрæдтимæ, уарзта лæппу. Мад нал байхъуыста лæппуйы тъизынмæ, æмæ райсомæй цæттæ уыдысты. Дада æмæ сæ нана афæндараст кодтой: знон кæимæ æрцыд, уыдонимæ та сæ бамбал кодтой. Нана, фæстæмæ здæхгæйæ, музейы цур аргъуанмæ бацыд, цы- рагъ ссыгъта æмæ Мадымайрæмæн бафæдзæхста йæ бæлццæтты. Исахъы уынджы-иу базары цур тымбыл кодтой, фалæмæ, Дзæуджыхъæумæ цæуæг адæм. Уыцы райсом дæр тыгуыртæ-ты- гуыртæй лæууыдысты сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, зæрæдтæ. «Виллис» базармæ куы схæццæ, уæд Тъбеты схæрдгæнæны цалдæр рог машинæйы кæрæдзийы фæстæ згъордтой. Бæргæ,
искæйты ма куы акодтаиккой, фæлæ сæм бынат нал уыд - авдæй дзы бадтысты. Чысыл фæстæдæр уæзласæн машинæ фæзынд, æмæ ма цæхæрæй аирвæзтаиккой æрмæст, уый йеддæмæ фæл- мæн машинæйыл ацæуыныл чи хъуыды кодта: ныггуылф лас- той æмæ гуыффæмæ скалдысты. Цыдысты... Сæ къах сæ нал хаста, бæргæ, сæ зæрдæтæ ам за- дысты, фæлæ мæлæтæй лидзын хъæуы... Схæццæ сты Тъбетмæ. Ардыгæй нырма дзæбæх зынди Цхин- вал. Стæй Тъбет фæстейæ баззад, Галуанты хъæу дæр, Додот... æмæ райдыдта Зар, Зары хъæд, хъæды бæлæсты ’хсæнты фæн- даг - дзыхъхъытæ-къуыппытæ, цъыфдзаст. Уым дæлейæ, хæх- ты æмæ хъæды бын та уыд æмраст асфальт фæндаг - Тамарес- Чъехы фæндаг, фæлæ... Чъехы нарæджы фалейæ, къуылдымы фæстæ ирон хъæу Итрапис райдыдта. Зары хъæдыл Итраписы онг айгæрстой лæппутæ ацы фæндаг, - Царды фæндаг. Ацы фæндагыл цыд æрхъулайы уæвæг Цхинвалмæ хæлцадон продукт. Ацы æххæл-мæххæл фæндагыл кодтой фалæмæ сывæллæт- ты, сылгоймæгты... Ацы фæндагыл цыдысты абон дæр Ирæитæ æмæ ма ноджы бирæтæ... Хъæд цъæх-цъæхидæй æрттывта. Цыдысты кæрæдзийы фæс- тæ адæмæй йедзаг машинæтæ. Раззаг машинæ-иу къуылдымæй куы фæфале ис, уæд йæ фæстæ цæуæгмæ нал зынд. «Виллис»-ы фæстæ дыууæ рог æмæ иу уæзласæн машинæ цы- дысты. Адон Тъбеты фæразæй сты, науæд хъæды фæндаг ахæм нарæг уыд, æмæ дзы кæрæдзийы фæрсты зынæй ахызтаиккой. Сæ фæстæ дæр цалдæр рог машинæйы цыди. Лæппу мады хъæбысы бадт æмæ йæ цъыбар-цъыбурæй не ’нцад. Сывæллон цымыдисон æнкъарæнæй дзырдта, изæрæй-иу куыд ныррухс кодтой арв «судзгæ» нæмгуытæ: «Мæнæ афтæ, гыцци, куыддæриддæр арвырон, ай, арвырон! Æрмæст тынг тагъд-тагъд лыгъдысты арвыл сырх хæххытæ, тынг тагъд- тагъд. Дада мæ нæ уагъта æддæмæ, æндæра, зоныс, цас гил- зытæ æртымбыл кодтаин! Фылдæр-иу, бынæй, ныккæнды бад- тыстæм...».
Хъуыстой чысыл лæппуйы æнæмæт ныхæстæм хистæртæ, сæ мидбыл-иу æм бахудтысты, фæлæ сæ цæсгæмттæ - маст æмæ катайæдзаг... Сæ разæй цы уæзласæн цыд, уый адæмæй йедзаг уыд æмæ шофыр бæргæ хъавгæ скъæрдта хъæды æвзæр фæндагыл, фæлæ къахыл лæууæг адæм, расгуытау, фæстæмæ-размæ кодтой æмæ кæрæдзи æнцæйтты тыхамæлттæй лæууыдысты. Уæзласæн куыддæр къуылдымæй фæфалейæ, афтæ, æнæнхъæлæджы, ав- томаттæ ныкъæр-къæр кодтой. Æмыр хъæды арвы нæрдау ай- зæлд мæлæтхæссæг нæрын. Хъæд базмæлыд, адæмы цъæхахст- мæ бæлæстæ базыр-зыр кодтой. «Виллис»-ы шофыр исдуг фергъуыйау æмæ цалынмæ исты ахъуыды кодтаид, уæдмæ сыл ихуарæгау нызгъæлстой нæмыг. Ирæйы фарсмæ бадæг сылгоймаг иу хъæр фæкодта, йæ сæрмæ дыууæ къухæй фæлæбурдта æмæ размæ бандоныл ауæз ласта. «Фесæфтыстæм!» - йæ сæры февзæрд Ирæйæн, сывæллоны йæ риумæ балхъывта æмæ йæ чъылдым дуары ’рдæм сыздæхта. Фæлæ йе уон куы ссыгъдис æмæ туг куы фемæхстис, уæд сывæллоны бынæй, астæрдыл ахуыссын кодта, йæхæдæг йæ уæлæ ныддæлгом. - Ма ску, хъæбул, ма ску, цард дын фестон, мард дæ фен- хъæлдзысты æмæ дæ нал фехсдзысты, - йæ хъусы йын сусæгæй бадзырдта. Æхстытæ тынгæй-тынгдæр кодтой! Хъæд ниудта, хъæрзыдта! Лæппуйыл мады туг тагъдис, мады хъарм туг! Æмæ тыхсти, тарсти! Фæлæ уæддæр æнæсымæй хуыссыд... Стæй нал бафæрæзтой йæ чысыл нуæрттæ æмæ... - Гыцци, риссы дын? - сусæг хъæлæсæй бафарста мады. - Сс-су - йæ былтæ лæппуйы хъусыл авæрдта æмæ йыл уыцы уысм цыма уæззау исты ныххуырстой - сæр сывæллоны риуыл æрхауд... Туг цыхцырæг ныллæууыд... Машинæйы хуылфы зындоны арт ссыгъд - уынæргъын, мæ- лæтдзæгты хыр-хыр, хъæрзын...
Лæппу мады риуы бын туджы малы хуыссыд. Тыхсти, фæлæ йæ зыдта - кæуын нæ хъæуы, хъæр кæнын нæ хъæуы... Æмæ, чи хъæрзыдта, уыдонæн ныллæг хъæлæсæй афтæ: - Басабыр ут, æндæра æрбацæудзысты æмæ нæ ныццæгъд- дзысты. Æхстытæ æввахсæй-æввахсдæр кодтой, иу хатт ма сыл разыл- дысты æмæ сыл ногæй ауагътой автомат... Æмæ лæппу фæха- тыд - йæ къæхтыл цыма тæвд дон ракалд, стæй срыстысты... Уæддæр быхста, быхста... Фæстагмæ йæ зæрдæ суынгæг æмæ мадмæ ризгæ хъæлæсæй сдзырдта: - Гыцци, æвæццæгæн, мæ къæхтыл сæмбæлд, риссынц... Гыццимæ хъæбулы хъæлæс нал фехъуыстис... ХЖСПРЫ ШСЛ0ЕФЖ&1 <Б<ЖЫТЖ% 1992 аз, 20 май. Абон ахæм æвирхъау хабар æрцыд, æмæ æнæхъæн горæт сызмæлыд... Цхинвал ныр цасдæр рæстæджы æрхъулайы ис. Горæтмæ бацæуæн фæндæгтæ ныхмæлæууæг бацахста. Лæппутæ Зары хъæдыл Итраписы онг айгæрстой фæндаг æмæ ууылты цæуы хæлцадон продукт мидæмæ, ууылты цæуынц лигъдон адæм дæр... Абон райсом дæр цалдæр рог æмæ уæзласæн машинæйы ала- стой адæмы. Сæ разы знаджы автоматджынтæ бабадтысты æмæ ныццагъ- той бæлццæтты. Æз нæ зонын, цы хъуамæ рахонай ахæм æбуалгъ ми - фехсай ницыгæнæг сывæллоны, сылгоймаджы, адæймаджы, кæцы тох нæ кæны, тохæй лидзгæ кæны, мæлæтæй лидзы... 36 марды æмæ цалдæр цæфы æрластой рынчындонмæ... Мæрдтæ æмæ цæфты ’хсæн ис не ’ввахс адæм дæр. Уыдонæй иу - нæ сыхаг Гаглойты Гæбилы чызг Иринæ. Уый йæ 4-аздзыд лæппуйы акæнынмæ æрцыд Дзæуджыхъæуæй. Райсомæй ацы-
дысты æмæ, дыууæ сахаты дæр нæма рацыд, афтæ йын йæхи мардæй æрбаластой, лæппу та цæфæй рынчындонмæ бахауд... Лæппу аирвæзт... Ирæйыл дыууын аст азы цыд æрмæст... Ныр цал азы рацыд,уæддæр иæ сысы нæ сагъæс, нæмаст. Мæрдджын ныййарджыты цæстытæйхъармæйуары, зæгъ. Хорз æй æмбарынц, кæй нæу рæсугъд иудадзыг дзынæзт, Фæлæ, дур фест, мады зæрдæ, æмæ ма ску, мацы зæгъ... - Цом, Лидæ, фаллаг фарсмæ мæрддзыгой ацæуæм, - бадзырд- та сыхаг ус хуры хъарммæ бадæг саударæг ацæргæ сылгоймагмæ. - Чи та фæзиан? - Дæ зæронд сыхаг Палуш, - уыди дзуапп. - Мæгуыр йæ бон, йæ лæппуйы фæстæ æгæр бирæ дæр ма ахаста, - афтæ, зæрдæбынæй мæтгæнгæ бакодта æмæ сыстад, мидæмæ, хæдзармæ, бацыд æмæ йæ иударон дзаумæттæ раив- та. Уæдмæ иуцалдæр сылгоймагæй æрбамбырд сты æмæ иумæ араст сты Леуахийы фаллаг фарсмæ зианджын бинонтæм мæ- сæллæй зæгъынмæ. Цыдысты дзургæ, мысыдысты, Палушы хис- тæр фырт куыд фæмард Згъудеры цур æмæ йæ лæппутæ се ’ккой куыд фæхастой рынчындонмæ, фæлæ уæгъды ницыуал ын бах- хуыс кодтой... Уый хъуыста устыты ныхæстæ, фæлæ йæ хъуыдытæ уым, донæн уыцы фарс, Военкоматы акомкоммæ уынджы, фæндагы былгæрон æм чи æнхъæлмæ каст, уыимæ уыдысты. Арæх цыд ардæм, ацы дурдзыртмæ. Мрамор-иу хæцъилæй ныссæрфта æмæ хъæрæй нал куыдта раздæрау, ныллæг хъæлæсæй цæссыгкал- гæ дзырдта йемæ, цыртæй йæм цы рæсугъд æвзонг ус касти, уыимæ. Касти йæм уый æрхæндæг цæстытæй æмæ йын цыма лæгъстæ кодта, фæдзæхста йæ: «Ма ку, мæхи гыцци, дæхи ма- уал æфхæр. Æз ницы кæнын, ницы мæ риссы. Æз рыст нæдæр фæхатыдтæн, афтæ æвиппайды стахтæн уæларвмæ, мæ буары рыст нæ банкъардтон, æппындæр нæ бамбæрстон, афтæ цыра-
гъау ссыгътæн. Мæ мæт мауал кæн гыцци, æрмæст фидар фæ- лæуу æмæ мын мæ хъæбултæм дæ хъус фæдар...». Саударæг æдзынæгæй касти нывмæ æмæ хъустæ ахстой мыртæ, йæ хъæбулы хъæлæсы зонгæ мыртæ. «Дæ бæсты мæн цæуылнæ фæмард кодта уыцы ракетæ, хъæбул, дæу афтæ æнæрæстæджы цæмæн баййæфта а зæххыл цы никуыма æрцыд, ахæм мæлæт. Хæст цæуы, мæ зæрдæдарæн, цагъды кæнынц адæм. Ирысто- ны фæсивæды хуыздæртæ знаджы ныхмæ тохы сæ риуы æмбæрц лæууынц нæмгуыты ихуарды æмæ, рæхснæг бæлас арвы цæфæй куыд рафæлдæхы, афтæ уыдон дæр рафæлдæхынц, нырма цардæй нæ бафсæстысты, афтæмæй. Сæ мæдты зæрдæтæ куыд нæ аскъуыйынц мастæй. Фæлæ, хъæбул, уыдонæн сæ мæрдон цæсгæмттыл сæ ныййарджыты, сæ хиуæтты цæссыг згъæлы, хъарм цæссыгæй сын æхсынц сæ тугæрхæмттæ. Ирон æгъдаумæ гæсгæ сын алцы саразынц: рæсугъд табæт, ног дзаумæттæ, ин- гæн сæ фыдæлты уæлмæрды. Дур дæр сæвæрынц нысанæн. Алы марды бон сæм фæцæуынц, рухс зæгъынц, сæ зæрдæйы тып- пыртæ суадзынц æмæ чысыл сæ удтæн æнцой радтынц - мæ мард уыцы бæсты искæйы къухмæ æнхъæлмæгæс нæу зæгъгæ: Æз дæр, хъæбул, алцы аразын æгъдаумæ гæсгæ, фæлæ мæ зæрдæ дæ ингæнау афтид у ницы йæм хъары. Кæм дæ, мæ чызг, кæм ис дæ буар, дæ табæты æрмæст дæ дзаумæттæ æмæ дæ иунæг æрдæгсыгъд къах йеддæмæ куыницы уыд, афтæмæй йæ куы фæдæлсыджыт кодтам. Цас дæ фæцагуырдтой, фæлæ дын æндæр дæ буарæй ницыуал ссардтой. Мæ сæр басудза, афтæ цы сыгъд бадæ, фæнык дæр дæ нал баззад. Ирон æмбисæндтæ æмæ æлгъыстытæ иууылдæр æцæгæй æрцæугæ хабæрттыл амад сты. Уæдæ «ласгæ мардæй баззай», уæдæ, дам, дын «дæ афтид ингæн фенон», «фæнык фест» æмæ сæ цы фæнымайдзæн. Фæлæ сæ амæй карздæр æмæ судзгæдæр ницы уыдзæн. Кæмдæр дард бæсты амæлы лæг, кæнæ былæй, сæрсæфæнæй ахауы æмæ йæ мард фесæфы, нал бафты бинонты къухы. Уæд ын сæ фыдæлты уæлмæрды бынат рахицæн кæнынц, иæ^сыджыты хай, зæгъгæ, дур ыл сæвæрынц, ингæн та афтид вæййы... Уæд цæмæн баййæфта дæу ахæм мæлæт, мæ зæрдæ. Мæ- нæ дын дæ дурыл дæр афтæ куы ныффыссын кодта дæ уды хай:
«Погибла невиданной смертью Ракетой грузинских фашистов. Нашлась твоя одна Полусожженная нога...». Æмæ æрмæст уыцы «нога» ис дæ буарæй дæ табæты. - Рацу, фаг дын у, - йæ цæссыгтæ сæрфгæ йын рахæцыд йæ цонгыл сыхаг ус... <бяфыспг хлслгон ъотттжй: 1992 аз, 6 июнь. Гуырдзиæгты гварди æрхъула кодта горæтыл æмæ æхсæ- вæй, бонæй æнæаскъуыйгæ æхсынц, пырх кæнынц хæдзæртты, дуармæ ракæсæн нæй, цæгъдынц æнæауæрдонæй алкæй, саби уа, сылгоймаг, æви зæронд. Ракетæты гуыппытæй ризы зæхх. Сабат, сбон ис, цыма цъус фæкъаддæр сты æхстытæ, дысони- мæ абаргæйæ. Телефонæй мæм радзырдтой æмæ нын Тъбеты уæлейæ, Галуанты бын цы зæххы фадгуытæ рахицæн кодтой, фысджытæн, уырдæм ацыдыстæм Харебаты Леонид йе ’мкъай Рая æмæ Миндиашвили Серго, æз æмæ мæ чызг Нана. Уый размæ халсæрттæ, картофтæ байтыдтам æмæ сæ рувын хъуыд. Маши- нæ дын чи бауромдзæн, æмæ уыцы хæрды къахæй аст киломе- тры фæцыдыстæм. Не ’мкусæг, нывгæнæг Уанеты Шурæйы дæр уым сæййæфтам. Æвзартæ уыцы дзæбæх цъæх адардтой, рыв- там æмæ нæм горæтæй æхстытæ хъуыстысты. Хатт-иу афтæ стыр гуыпп фæцыд, цыма бæстæ сфæлдæхт. Нæ зæрдæ æхсайдта, фæлæ цы нæ бон уыд. Бакуыстам, стæй иумæ басихор кодтам. Изæрырдæм рацыдыстæм. Куы ’рхæццæ стæм, уæд знагыл дæр ахæм æрцæуæд, цалдæр хæдзар та ныппырх æмæ цалдæр адæймаджы фæмард, уыдонæй дыууæ - нæ сыхæгтæ - Хъуылымбегты Надя æмæ Харебаты Жаннæ. Жаннæйыл ком- коммæ сæмбæлд ракетæ, уынджы фæцæйцæугæ æмæ ссыгъди. Афтæ басыгъд, фæнык дæр дзы нал фæзынд, æрмæст ма йын чы- сыл дæрддзæф йæ иу къах æрдæгсыгъдæй ссардтой æд дзабыр. Йе ’ртæ сывæллоны сидзæрæй аззадысты. Театры раз дæр дыууæйæ фæмард сты. Уыцы бон авд адæй- маджы фæмард, ссæдз та цæфтæ фесты. Цы хъуамæ схонай ахæм æбуалгъ, æдзæсгом, æгъатыр хæст чи самадта, уыдон? Чи сæ фашисттæ хоны, чи - тугхортæ, чи -
лæгхортæ, чи та - тугдзыхтæ. Ацы эпитеттæ иумæ куы баиу кæнай, мæ хъуыдымæ гæсгæ, хæстамайæгæн уæддæр фаг не сты. Цыфæнды фидис æрымыс, алцыдæр ыл сбаддзæн. Æмæ сæ фыдмитæм кæсæг адæм лидзынц, хæссынц сæ мæгуыр муртæ, чи - æккойæ, чи - машинæйыл, чи - къухуæрдæттыл. Цæуынц фалæмæ... Æз не ’мбарын, цæмæн хъуамæ ацæуон, кæдæм хъуамæ фæлидзон æмæ цы хъуамæ ахæссон? Чизоны, исчи зæгъы, йæ зонд схæццæ фыртасæй, ницыуал æмбары. Тæрсын æви, нæ, уый æндæр фарст у, фæлæ мæ зонд мæхимæ ис æмæ мын амоны: фыдбылызæй æмæ дæм хæрзæбонæй дæр цы æнхъæлмæ кæсы, ууыл дæ хæдзары сæмбæл. Искæй къуымты, искæй цæстытæм кæсын æмæ сæркъулæй уæвыны бæсты мын мæ хæдзары æх- хормагæй дæр æнцон уыдзæн. Мæхи бæстæйы, мæхи зæххыл паддзах дæн, искуы та - ничи. Афтæ куы фæлидзæм, уæд сæ ракетæтæ нæ, лæдзæг дæр нал бахъæудзæн, афтæ ныл алæгæрд- дзысты. Æз фыссын... уыдон та æхсынц. Хæдзар барызт æмæ рудз- гуытæй æвгтæ ’рызгъæлдысты... Сбонмæ нырма бирæ ис... УЬЩЫ СÆ,(РЮЪ1Г(Ж ШФГЪ ÆХСМЬ Хæдзары раз, цæхæрадоны астæу, æвзонг члауи бæласыл, æвæццæгæн, ракетæйы схъис сæмбæлд - йæ астæуыл æй атæ- хын кодта. Лыггаг æрдæг ма цъарæй гæзæмæ хæцыд зæнгыл æмæ йæ цъуппæй зæххыл узæлыд. Бæласæн йæ хъæдгомæй урс-урсид цæссыг дæлæмæ йæ лæгъз цъарыл æрфæд кодта æмæ уидæгтыл æфтыд. Куыдта бæлас, судзгæ цæссыгæй куыдта. Знон райсом дæр ма йæ рæсугъддзинадæй сæрыстыр уыд. Уæлæмæ, арвмæ ивæзта йæхи æмæ йæ цъæх-цъæхид дарæсыл ради. Ныр ын кæйдæр æгъатыр къух байста йæ фидыц, фæ- цæнкуыл æй кодта... Ахæм райдзаст хурбон скодта, зæрдæ æддæмæ, уынгмæ тыр- ныдта - ахиз цæхæрадонмæ! Алцæуыл дæ уды фæндиаг фæцин кæн, æртон бирæ дидинджытæ æмæ сæ мидæмæ æрбахæсс, хæдзар æхцон тæфæй байдзагуа...
Фæлæ дæ мадæн чызгæн бабæзз æмæ ахиз æддæмæ - ихуа- рæгау кæнынц нæмгуытæ, минутæй-минутмæ спырх вæййынц минæтæ æмæ тæвд схъистæ мæлæт тауынц, æнхъæл кæм нæ дæ, уым дæр. Кæм бадынц, уыцы æрдæгныккæнд хатæны фæрссæгтæ зæххы æмвæз сты. Уырдыгæй сæм цы зыны, уыцы арвы гæппæл æмæ цæхæрадоны æрдæгмæ цымыдисæй, цыдæр зыдæй кæ- сынц хæдзары фысым зæронд ус, мад, чызг æмæ цыппарæй та æввахс сыхæгтæ - дыууæ ирон, иу гуырдзиаг æмæ иу та соми- хаг - ацæргæ сылгоймæгтæ. Кæсынц æнæдзургæйæ. Сæ тарстхуыз цæсгæмттыл æнцонæй рахатдзынæ дисы æнкъарæн - куыд рæсугъд у, талынг къуымæй кæсгæйæ, дуармæ алцы! Уым, се ’хсæн куы разил-базил кæныс, уæд дæм афтæ химæлвасгæ цæмæннæ зынынц ацы сырх, бур уардитæ, сæнæфсиры цъæх цупæлттæ дæлæмæ зæбулæй! Куыд рæсугъд, куыд зынаргъ у абон, ацы хурбон, алцы æд- дейæ, куы!.. Фæлæ уал хъуамæ бабыхсай, ныккæнды уал хъуамæ бадай... Æмæ бадынц. Ацы хæдзар сæм, æвæццæгæн, Хъарсы фидарæй фидардæр кæсы, æндæра сылгоймæгтæ цыппар дæр тынг æв- вахс цæрынц, дыууæ ироны та бынтон æмкъултæ сты. Сымахмæ, дам, нæхи æдасæй хатæм, фидар амад хæдзар у, ракетæ дæр ын ницы ракæндзæн, зæгъгæ, æмæ сæхи ардæм æрбаппарынц. Æрбаппарынц та цы хонын, æхсæвиуат дæр ам кæнынц - сæ къæбæр семæ æрбайсынц æмæ сæ чи - уатыл, чи - фæлмæн бан- доныл æрбынат кæны. Стæй ма хæдзары хистæры дæр афтæ уырны - «уый гæнæн нæй - мæ хæдзар исты кæна! Рæстаг лæджы Хуыцау нæ фе- сафдзæн. Тæрсгæ та æппындæр ма кæнут, тæрсагмæ фыдбы- лыз æмхицдæр у», - ныфсытæ сын авæры, фæлæ хинымæр та Хуыцаумæ кувы: «Мæ бинонтæ дæр дæ фæдзæхст, мæ адæм дæр, Лæгты дзуар, алкæй дæр бахиз фыдбылызæй...». Уыцы æхсæв арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой - рухс ма уыд, афтæ райдыдтой æмæ райсоммæ æнæаскъуыйгæ æхстой. Диссаг уыд: гъа адæмыл нал ауæрстой, сæхицæн та цæмæннæ лæвæрд- той улæфт? Афтæ бирæхуыз хæцæнгæрзтæй æхстой æмæ ахæм гуыр-гуыр, къæр-къæр кодта бæстæ, - ихуарды размæ арвы нæрдау.
Æнæхъæн æхсæв цъынд нæ федтой сылгоймæгтæ æмæ, æвæццæгæн, сахары ма чи баззад, уыцы адæм дæр. - Ахсæв ма куы аирвæзиккам, уæд нæм куывд æмбæлы, - æрдæгхынджылæгæй загъта Хъоцион, фæлæ æцæгæй та йе уо- ны мигъ кæй бадтис, уый бамбæхсын нæ бацис йæ бон. - Уый та цы ныхас у? - фæхъыг ис фысым. - Æндæрæхсæв амæй къаддæр не ’хстой, фæлæ ницы кодтам Хуыцауы фæрцы. - Бон дæр нал кæны ацы дзæгъæйлаг! Сæрдыгон ма уæ ахæм даргъ æхсæв исчи федта? - загъта сомихаг дæр тыхстæй. Бонæй уæддæр æнцондæр у алцы. - Уæдæ уым сæ ныхмæ чи тох кæны, уыдон куыд кæнынц, мах ма ам агъуысты бын уæддæр бадæм, - загъта та сын зæронд ус æмæ иууылдæр басабыр сты. Уыдон та... Уыдон - æвзонг лæппутæ - Згъудермæ схæрдгæ- нæны, фæндагæн уæлейæ рестораны цурæй ныхмæлæууæгимæ тох кодтой. Сæ удтыл нал ауæрстой ацы æстдæс-дыууын аз- дзыд лæппутæ, цæмæй фæстæмæ байстаиккой сæ амæйразмæ- йы позицитæ, ТЭК-æй сæ аиуæрдæм кодтаиккой. Изæрмилты ма зыдтой, чи сæ кæм лæууы æмæ куыд у. Стæй куы ’рталынг, уæд ныхмæлæууæг ноджы фæфыддæр. «Размæ хъæуы, дардæй сын куыд спырх кæндзыстæм сæ танкæты?», - бамбарын кодтой кæрæдзийæн къутæрты, бæлæс- ты аууæтты аивтой сæ хæцæн бынæттæ. Æхстой æмæ къахдзæфгай æввахс кодтой нысанмæ. Уæдмæ сæ иу схъæрзыдта æмæ æрхаудта. Фембæрстой, чъылдымæрдыгæй дæр сæ кæй райдыдтой æхсын. «Æрхъулайы бахаудыстæм», - февзæрд раззаг лæппуйæн йæ сæры æмæ: «Фæстæмæ, лæппутæ!», - ма фæкодта, фæлæ уымæн дæр йæ автомат йæ къухæй ахауд... Бонмæ нæ банцадысты æхстытæ. Лæппутæй ничиуал æхста... ...Тых æмæ фыдтæй фæтых боны рухс æхсæвы талынгыл æмæ рудзгуытæй мидæмæ бакаст. Сæ риутыдзаг сулæфыдысты ныккæнды бадæг сылгоймæгтæ. Тагъд хур дæр скаст æмæ цæ- хæркалгæ сыгъзæрин тынтæ æнæвгъауæй байтыгъта бæстыл. Цымæ æхстытæ дæр фæкъаддæр сты. Уæдмæ чидæр кæрты æфсæн дуар ныххоста.
- Дуар-ма бакæнут! Тагъддæр!.. - Чидæр нæхиуæттæй у - загъта чызг æмæ дуармæ асæррæтт ласта. Къæсæрыл сыхæгты лæппу лæууыд, йæ дзаумæттæ тугæй ахуырст. - Телефон уын кусы? - Кусы. Лæппу æрбахызт, салам зæгъын дæр нал фæцарæхст афтæ тыхстæй, бауад аппаратмæ. Уидзы, уидзы номыртæ. Ничи дзуапп кæны... Сылгоймæгтæ цыма се ’взæгтæ аныхъуырдтой - лæппумæ дзагъырдзæстæй кæсынц. Лæппуйыл дыууадæс, æртындæс азы цæуы æрмæст, фæлæ хæсты райдианæй фæстæмæ æдзух стыртимæ лæууы æмæ сын алцы аразы, цыфæнды йын бахæс кæной. Æмæ йæхицæй буц у лæппу, стыр лæгау барджын ныхæстæ фæкæны. Ныр та афтæ ныфссаст, фæллад æмæ, хуылыдз карчы цъиуау, æргъæвстæй лæууы телефоны цур. Куыничи йын сдзуапп кодта, уæд хæтæл æрæвæрдта, йæ дыууæ къухæй йæ цæсгом амбæрзта æмæ нык- куыдта. Зæронд ус æм бацыд, йæ сæр ын йæ къухæй алæгъз кодта æмæ йæ йæ риумæ балхъывта, стæй катайгæнгæ бакодта: - Æ, дæ сæрыл мæ куыд æрхаста Хуыцау, Мишик. Кæцыдæр та сæ цыдæр кодта, хъæбул? - Кæцыдæр, кæцыдæр, - схæкъуырцц кодта лæппу æмæ стæй тыхæй сæппæрста. - Авдæй... авдæй фæмардысты! - стæй йæхи атыдта усы къухæй æмæ дуармæ алыгъдис. Ныккуыдтой сылгоймæгтæ, сабырæй ныккуыдтой... ХÆСЛРЫ ШСЛХÆЮЖЪ! ЪОЯЫТÆЙ 1992 аз, 12 июнь. Нæ фарсмæ цы продуктты магазин^ ис, уый рагæй нал кусы - хæсты фыццаг бонты йæ фæхастой. Йæ мидæг ма афтид тæрх- джытæ лæууы. Гуырдзыйы гвардионтæ ТЭК куы бацахстой (6 июнь) æмæ Мамысантырдыгæй æрбацæуæнтæ дæр сæ къухы
куы бафтыдысты, уæд уымыты цы постытæ лæууыд, уыдон уæлæмæ раивтой сæ бынæттæ. Нæ сыхы лæппутæ ацы магазины æрбынат кодтой, æмæ уынджы райдианы, Мелкуевты хæдзары та-иу сихор бакодтой. ТЭК знаджы къухы куы бафтыд, уыцы бонæй фæстæмæ Ле- уахийæн ацы фарс зындон фестад - æхсæвæй, бонæй нæ æхсынц. Адæм ныууагътой сæ хæдзæрттæ æмæ лидзынц фаллаг фарсмæ. Цæуынц, хæссынц сæ мулк æккойæ, ласынц сæ къухуæрдæттыл æмæ цæуынц... Иу рæстæджы æз дæр ахъуыды кодтон чызджы æмæ зæронд усы арвитон фалæмæ хæстæджытæм, фæлæ мæм чи байхъуыста! - Уæдæ! Ды ам - иунæгæй, æмæ мах та нæхи бафснайæм, афтæ дæ фæнды!? - йæ къæхтæ ныццавта чызг. - Нæй, æнæ дæу никæдæм ацæудзынæн, - зæронд ус дæр нæ акуымдта. Æз нæ ацыдтæн, уæд не ’мкъул сыхæгтæ - мад æмæ чызг дæр нал ацыдысты, немæ æрбамдзæрин сты æмæ цæрæм иумæ хæстон цардæй. Дысон изæрæй лæппутæ сыхыл азылдысты, амыты-уымыты ма цы иугай адæймæгтæ баззад, уыдонæн бамбарын кодтой: - «Ахсæв сыл хъуамæ анцайæм, цы уыдзæн, уый ничи зоны æмæ уал уæхи хидæн уыцы фарсмæ айсут». Мах уæддæр нæ ацыдыс- тæм. Цы уа, уый уæд! Фæбадтыстæм æнæхъæн æхсæв, хъуыстам нæмгуыты къæрцц-къæрцц æмæ ракетæты гуыппытæм. Афтæ ныл бадгæйæ сбон ис. Сихорафæттæм æхстытæ фен- цадысты, æмæ нæ цуры штабы цы лæппутæ æрбынат кодтой, уыдонæй нæм иу æрбацыд, телефон нын нал кусы æмæ, дам, сымахæй адзурон. - Куыд сты, цы баистут дысон? - афарстон æй. - Цы баистæм... Чидæр нæ ауæй кодта... Лæппутæй авд нал ис, - загъта æмæ йæ цæстытæ донæй айдзаг сты. - Нæ сыхæй - Тао (Остъаты Алан) æмæ Радик... - Тао, Тао... Æй, дæ мад куыд басаухæдзар... - æмæ цæстытыл ауад йæ худгæ цæсгом: знон нæм бонæй æрбауади, уазал дон ма, дам, мын адарут. Чызджытæ йын компот раскъæфтой. Банызта, чысыл ахынджылæг кодта æмæ ацыд.
Ацыд... æмæ ууыл фæци йæ цард. Цард, йæ ад нырма рæстмæ æмбаргæ дæр кæмæн нæма бакодта. Иннæахæм - Табуты Радик... Рæхснæг, рæсугъд, сыхы уарзон- дæр кæстæр. Уымæй дæр зæрдæрыстæй аззадысты йæ бинонтæ... Иу æхсæв, уыцы иу сæрдыгон даргъ æхсæв авд рæзгæ уды ахаста... Фидæны авд ирон хæдзарæй та фæкъаддæр æнæуый дæр чы- сыл Ирыстон... ШЛУСÆ? Зæххæн йæ урс хъæццул ныббырæгътæ æмæ ранæй-рæтты йæ буар сауæй зыны. Хур, мартъийы сайæгой хур, йæ тынтæй узæлы бæстыл. Хъарм бахъардта зæххы буармæ дæр. Æхцонæй сулæфыд æмæ йæ комулæфт, рог фæздæгау, тасгæ-уасгæ уæлæмæ, арвырдæм йæхи ивазы. Уæлмæрдты, судзины бырынчъытау, цъæхæй зынд кæрдæг. Къутæрты бынæй йæ сæрыл схæцыд æфсæрмдзæстыг малу- сæг æмæ хурмæ йæ мидбылты бахудт. Малусæг - уалдзæджы фыццаг фидиуæг... Фæци зымæг. Цасфæнды футтытæ кæна хивæнд мартъи, уæддæр алцæмæн йæхи рад ис. Афæдзы цыппар рæстæгæн - сæрд уа, фæззæг, зымæг æви уалдзæг - йæхи сæрмагонд миниуæг, йæхи рæсугъддзинад ис, фæлæ уалдзæг се ’гасæй диссагдæр у. Цыма цыдæр ног тых, ног цымыдис бауадзы - адæймагæй, цæрæгойæ, зайæгойæ - алкæй æмæ алцæйы уды. Лæгмæ афтæ фæкæсы: хæхтæ, къæдзæхтæ, дуртæ дæр цыдæр уаргъ аппарынц се рагъæй, сæ хуыз скалынц æмæ сæ бынтон ногæй бацæуы царды монц. Хурбон уыд æмæ ради бæстæ - уазал зымæгæй фервæзт. Горæты уынгты фæфылдæр адæмы змæлд. Зæрæдтæ сæхи райстой хæдзæрттæй æмæ хуры хъæрммæ ра- бадтысты. Кастысты сæ кæстæрты хъæлдзæг змæлдмæ, хъуыс- той сын сæ хъæлæбамæ æмæ цины мидбылхудт хъазыд се ’нцъылд цæсгæмттыл.
Хæдтулгæтæ дыууæрдæм згъордтой æмæ чъизи митдон сæ цæлхытæй алырдæм пырх кодтой. Чызг банхъæлмæ каст, цалынмæ уынг хæдтулгæтæй чы- сыл расæрибар ис, уæдмæ, стæй тагъд къахдзæфтæй уынгæй тротуармæ бахызти. Цыд дæлæмæ сæргуыбыр, æрхæндæгæй. Сталин æмæ Исахъы уынгтæ кæм фæдих сты, уым бæласы бын газоныл тымбыл дзæнхъа дурæй цырты цур æрлæууыд. Йе уæхскыл цы хызын уыд ауыгъд, ууыл размæ рахæцыд, малусæг- ты чысыл баст дзы арæхстгай систа, æргуыбыр кодта цырты раз æмæ йæ зæххыл куы æвæрдта, уæд æм афтæ фæкаст, цыма малусæджы тæнæг æрвгъуыз сыфтæ зыр-зыр кодтой. Æрæвæрд- та дидинджыты баст æмæ дурыл йæ къух æрхаста - уый йæхи къух куы зыр-зыр кодта... Йæ сæрыл схæцыд, дуры раззаг, лæгъз фарсыл фыст дам- гъæтæм ныккаст æмæ сыл йæ цæссыгтæ налхъуыт-налмасау æрттивгæ ’рызгъæлдысты: «Уалдзæджы фыццаг дидинæг дын æрбахастон», - йæ былтæ базмæлыдысты æрмæст... - Мæ разæй та фæдæ, Заирæ, дæ сæрыл мæ æрхæсса Хуыцау. Йæ уæлхъус куыд æрбалæууыд ус, уый нæ фæхатыд æмæ æнæнхъæлæджы фестъæлфыд чызг. Саударæг сылгоймаг ыл атыхст: - Æз нырма уырдæм, скъолайы кæртмæ бацыдтæн, стæй та ардæм, йæ уд кæм аскъуыд мæ хъæбулæн, уырдæм ратагъд кодтон. Чызг йæ цæссыгтæ асæрфта, цы йын загътаид, уый нæ зыд- та. Æдзынæгæй лæууыд иудзæвгар усы цур, стæй, хатыркурæгау, хауд хъæлæсæй сфæрæзта: - Ацæуон æз... - Ацу, дæ нывонд фæуон, ацу, - рæвдаугæ хъæлæсæй йын загъ- таус. Æмæ рацыд чызг. Лæппуйы мад йæ фæстæ каст, цалынмæ чызг нæ фæаууон, уæдмæ. «Æз куы амардаин, хъæбул, дæ бæсты æмæ сымахæн иумæ цæрын куы бантыстаид. Гъа, мæн басаухæдзар кодтай дæ амæлæтæй, ацы сидзæр чызгæн йæ амонд басыгъди. Дæ масты æддеиæ ма, амæ кæсгæйæ, мæ зæрдæ фæцæйтоны. Куыд фыдуарзт дæ кодта, мæ зæрдæдарæн, ныр цал азы ра- цыд æмæ чындзы ацæуын йæ хъуыдыйы дæр нæй. Дæуау ма бирæтæн куы баззад уарзон, æд сывæллон устытæ дæр сын баз- зади, фæлæ ног амонд ссардтой сæхицæн. Афтæ у цард, сылгой-
маг иунæгæй мæгуыр у. Дæхи Заирæ та дыл йæ зæрдæ нæ ивы. Йæхи афтæ дары, æмæ йæм уæндгæ дæр ничи кæны. Æвæццæ- гæн, дæуæй дæр æфсæрмы кæнынц, хъæбул», - дзырдта мад æмæ йæ уырныдта: хъуыста йæ зынгхуыст лæппу мады дзына- зын æмæ йын йæ рис æмбæрста... хæслры (ржстжющы ъонытжй 1991 аз, 8январь. Æндæрæбон гуырдзиаг милици æд куыйтæ горæтмæ æрба- цыд. Цæй куыйтæ ма сæ хъуыд?.. Бæстæ цъæхахст, куыйты рæйд, автоматты къæр-къæрæй байдзаг. Æхсынц алкæйы - сылгоймаг у саби у, уæлдай сын нæу. Бацахстой горæтæн йæ фылдæр хай æмæ фыдмитæ кæнынц ницыгæнæг адæмæн. Чырыстонтæ, дам, стæм! Хуыцау, кæм дæ, чырыстон адæймаг цыппурсы боны туджы зæйтæ уадзы?! Тугæйдзаг цыппурс ныл сбон кодтой. Æддæмæ ахизæнтæ нæй, змæлæг нæ уадзынц уынгты. Абон нæм фаллаг фарсæй нæхиуæттæ телефонæй æрба- дзырдтой, «Коммунисты», дам, амардтой. «Коммунист» Тасойты Иналы хуыдтой, ацы номæй йæ зыдта æнæхъæн горæт. Фæсномыг адæймагыл кæнæ йе ’ддаг бакастмæ гæсгæ сæ- вæрынц, кæнæ та йæ характер, йæ уды скондмæ гæсгæ. Коммунист советон дуджы рæстæджы символ уыди. Æмæ уæдæ фæрсын нал хъæуы, цæмæн сæвæрдтаиккой ацы хорз лæппуйыл ахæм ном йе ’мбæлттæ. Инал Цхинвалы райгуырд, ам каст фæци фæндзæм скъола. Ахуыры фæуды хæдфæстæ æфсадмæ ацыд. Куы æрыздæхт йæ райгуырæн къуыммæ, уæд заводы райдыдта кусын. Стæй райдыдта хæст æмæ, горæты иннæ лæппутау уый дæр æхсæвæй, бонæй постыты лæууыд, хъахъхъæдта йæ горæт æмæ знаджы нæмыгæй фæмард. Аскъуыд рæстаг, хæларзæрдæ, æмгаруарзаг æвзонг уд æмæ цæрæнбонтæм рыст æмæ рухс ном ныууагъта йæ фæстæ. 2000 аз
9АЛЛМПХ ШР ШХЩШ^ ХУЫЗОМШЙЫ МЬЗЯФЫ - 0, æмæ сæ мысгæ та кæцæй кæныс, мысгæ? - йæ къухы ирон журнал, йæ цæсты бынтæ уымæл, афтæмæй йын дзуры аууоныбадæг ус. - Мысгæ? - дисхуызæй бакаст усæн йæ фæлурс цæсгоммæ, хъыг ын уыд йæ ныхас, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд æмæ йын æнæбары бакодта: - Мæ гъа, ацыдтæн æз куыстмæ, - загъта ма йын тагъдгомау æмæ дзы йæхи айста. Цыд хъуыдытæгæнгæ: «Кæсыс, мæнæй уый, уæдæ ды цыдæр- тæ мысыс æмæ сæ фыссыс, цæмæй адæм сæ сæрибар рæстæг амарой, сæхи аирхæфсой, нæ?! Афтæмæй та ды дæхи цæстæй цытæ уыныс, дæ зæрдæ дын цы риссын кæны, уыдæттыл куы фæфыссыс...». Цыд, йæ развæндагмæ дæр нал каст æмæ дис кодта - «ацы сылгоймаг уæлдæр ахуыр фæци, йæхицæй буц у, цыдæртæ кæй зоны, иннæтæй йæхи æмбаргæдæрыл нымайы... Афтæмæй уый дæр мæ цуры куы уыд æд бинонтæ уыцы зынæвзарæн бонты (æцæг, æвыдæй аирвæзтысты иууылдæр), уæд афтæ гæнæн ис æмæ адæймаг дыууæ-æртæ азмæйы æрцæугæ дудгæбæттæ фе- рох кæна?.. Æз та цас фылдæр архайын, цæмæй мæ хъуыдыйæ ахауой, уыйас мын ноджы тынгдæр куы æхсынынц мæ сæры магъз хæс- ты уыцы тугæйахуырст нывтæ, мæ хъустæй куы нал хизынц, зна- джы нæмыгæй чи фæмард, уыцы æвзонг лæппуты ныййарджы- тæн сæ зæрдæхалæн хъарджытæ...» Цыд мидсагъæсгæнгæ æмæ уыдта, ирдæй уыдта, адæмæй йе- мыдзаг хатæны астæу табæты зæды хуызæн рæсугъд лæппу цы- ма æнæмæтæй фынæй кодта. Мад лæппуйы риуыл дзуарæвæрд къухтыл йæ рус æрæвæрдта, йæ рахиз къухæй та йын йæ сау сæры хъуынтæ лæгъзытæ кæны. Хъæрæй нал кæуы, хъæлæс нал ис, æрмæст йæ цæссыг хъармæй лæдæрсы лæппуйы уазал къух- тыл. Адæм та хæкъуырцкуыдæй кæуынц. Стæи æддейæ додойгæнгæ æрбахызтысты цалдæр сылгой- маджы сауты. Сæ разæй - иу ацæргæ ус. Йæ къухы - нæлгоймаджы дзабыртæ, йæ риумæ сæ балхъывта, афтæмæй ныхъхъарæг код-
та: «Виталик, Виталик, æз дын куыд амардтæн, мæнæ дын де ’мбæлттæ дæ дзабыртæ æрбарвыстой, хъæбул... Доны был дын змисы сагъдæй куы баззадысты, уæд бæгъæмвадæй уыцы хуыр- тыл талынджы куыд фæцыдтæ, дæ къæхты тугкæлгæ куыд сха- стай посты лæугæ боевиктæн автоматтæ...». Сылгоймæгты богъ-богъмæ къултæ ныррызтысты. Хъарæг чи кодта, уыцы сылгоймагæн йæ маст бауромын йæ бон нал уыд æмæ афтæ хъарæггæнгæ радзырдта, куыд фæбадти лæппу уыцы уазал доны фæсахсæвæртæм, стæй мæй мигъты куы аныгъуыл- ди, уæд йæ цыппæртыл куыд бабырыд знаджы посты лæууæг фынæй лæппутæм, сæ автоматтæ сын рахаста æмæ афтидармæй сæ ныхмæ чи тох кодта, уыдонæн сæ райсомы талынгты куыд фæсагъта сæ къухты... Мад йæ сæрыл схæцыд, бакаст, хъарæг чи кодта, уыцы сыл- гоймагмæ, базыдта йæ хъæбулы дзабыртæ æмæ сæм йæ къух ба- даргъ кодта... ШСЛРЫ <РЖСЖШ>ЖЗ>1 ЪОЖЫТÆЯ 1991 аз, 10 апрель. Январы мæйы нæм гуырдзыйы афтæхуыйнæг «фæткхъахъ- хъæнæг» æфсад куы ’рбарвыстой, уæд уыцы æртæ къуыри Чъре- байы уыд хъаймæт. Цæй фæтк æмæ цæй сабыр цард! Бацахстой хицауады хæдзар, гормилицийы æмæ банчы агъуыстытæ, театр, АТК - иудзырдæй, горæт æнæхъæнæй. Æмæ уыдон фыдмитæ æмæ æгъатырдзинадæн нал уыд быхсæн. Æмæ тохы бацыдысты нæ лæппутæ. Сæхицæй сын-иу цы хæ- цæнгарз байстой, уымæй архайдтой сæ ныхмæ. Цыд тугкалæн хæст, æддæмæ ракæсæн нал уыд. Горæты астæуæй сыл дæлæ- мæ анцадысты лæппутæ. Куы бамбæрстой тыхгæнджытæ, афтæ æнцонæй сын ницы рауайдзæн, уæд ныххафтой, бастыгътой бангæй, театрæй, музейæ, ассыдтой машинæтыл горæты исад æмæ ацыдысты. Ныууагътой сæ фæстæ сæ чъизи, сæ æнæзæр- дæмæдзæугæ фæд... Загътам, ныр кæд сулæфиккам. Фыддæр бонтæ ныл æркодта - хъæутырдæм фесты, басыгъ- той сæ, ныццагътой адæмы, чи ма сæ аирвæзт, уыдон горæтмæ
ралыгъдысты. Фæлæ горæтыл дæр æрхъула кодтои ног техни- кæимæ æмæ æхстой æхсæвæй, бонæй, хатт-иу, адæм кæм фæ- мардысты, мæрдтæ уым баззадысты талынгтæм, æрбахæссæн сын нæ уыд уыцы æнæаскъуыйгæ æхстыты. Блокадæйы уæвæг горæты нал уыд рухс, дон, магазинтæ ра- афтид сты. Алы хуызы нын нæ хурхыл ныххæцыдысты. Фæлæ нæ састи горæт. Алы уынджы, районы сарæзтой лæппутæ хæстон къордтæ æмæ тох кодтой, лæууыдысты æрбахизæнты æмæ сæ мидæмæ нал уагътой. Нæ сын фаг кодта æхсæнгарз æмæ-иу ахызтысты хæхтыл, хъæдтыл фалæмæ æмæ уырдыгæй æккойæ хастой хæцæн æрмæг. Цыд хæст - æнæрасидгæ тугкалæн хæст. Æмæ иу бон нæ ацыд афтæ, нæ лæппутæй мачи фæхъуыдаид, хатт - бон дыууæ, æртæ дæр. Апрелы фæндзæм бон Уалыты Валойы бинонтæн дæр сæ хъу- лон хъæбул знаджы нæмыджы амæттаг фæци. Фæци йе ’взонг цард Виталикæн Тамарашены æрбахизæнты æмæ цæрæнбон- тæм дудаг рыст ныууагъта йæ ныййарджытæн, йæ хотæн, хи- уæттæн æмæ йæ хæстон æмгæрттæн. Афтæмæй йыл 22 азы цыд æрмæст... Зондджын, алцæмæ арæхстджын фидæны гуырд уыцы цы- быр царды дæр бирæ хорз хъуыддæгтæ сарæзта йæ адæмæн, цал æмæ цал уды фервæзын кодта мæлæты дзæмбытæй. Скъола куы фæци, уæд йæ бæллиц уыди медицинон инсти- туты адарддæр кодтаид йæ ахуыр, фæлæ йæм æфсадмæ æрсид- тысты æмæ ацыд. Службæ кодта ирон лæппу, ироныл куыд фи- дауы, афтæ, æмæ, лæгдзинады хуыздæр миниуджытæ æвдис- гæйæ, дисы æфтыдта йæ хистæрты. Стæй Афганистанмæ ацыд бархийæ. Ам дæр афтæ иузæрдионæй æмæ намысджынæй фыста йæ хæс, цыма йæхи райгуырæн зæхх хъахъхъæдта. Йæ хæстон æмбæлттыл афтæ аудыдта, куыд хи æфсымæртыл æмæ йæ æгæрон уарзтæй уарзтой æмæ дзы ныфс æвæрдтой. Уый йæ хæстон æмбалы нæдæр цæфæй, нæдæр мардæй хæсты быдыры никуы ныууагъта æмæ йæ ардыгон «афганецтæ» фылдæр уымæн уарзтой. Фæци йæ службæ фæсарæнты æмæ цингæнгæ æрцыд йæ райгуырæн къуыммæ. Куыд ахъуыды кодтаид, уым цы фæл- тæРДДЗИнад райста, уый сæр æй йæхи зæххыл бахъуыдаид.
1989 азы 23 ноябры хабæртты рæстæджы ратагъд кодта йæ райгуырæн хъæу Къоркъулайæ Чъребамæ йæ хотæм æмæ йæ Эргнеты неформалтæ æрцахстой. Иу бон æмæ йæ иу æхсæв фæ- дардтой ныккæнды, стæй куыддæрты раирвæзт. Уыцы бонæй йæ амæлæты бонмæ иууылдæр æдхæцæнгарз лæууыд посты- ты æмæ знаджы ныхмæ удуæлдай тох кодта. Дисы æфтыдта йæ хистæр æмтохгæнджыты йе ’рхъуыдыдзинадæй, иууыл размæ бырста: - Мæн ауадзут, сымах бинонты хицæуттæ стут, сывæллæтты фыд хъæуы. Ахæм зын уавæртæй-иу сæ аирвæзын кодта æмæ абон дæр дис кæнынц, йæ мысæн бонты куы фембæлынц, уæд. Афтæ зæгъæн нæй, адæймаг тас ма зона. Фæлæ дæ тасыл куы фæтых уай, лæгдзинад уый мидæг ис. Виталикæй йе ’мбæлттæ афтæ дзурынц - тас цы уыд, уый, дам, нæ зыдта. Зыдта йæ, мæ- лынæй алчи дæр тæрсы, фæлæ иугæр йæ райгуырæн зæхх, йæ адæмы сæрибарыл тохмæ цыд, уæд хиуыл нал хъуыды кодта æмæ уæд тас дæр ницæмæ дардта. Иу рæстæджы афтæ сæрра сты фыдгæнджытæ æмæ Никозæй æхсæвæй, бонæй минаметтæй æхстой Жилмассивы къорпустæ æмæ нæмгуыты ихуарды адæм æддæмæ ракæсын нæ, фæлæ сæ цæрæнуæттæ дæр ныууагътой æмæ ныккæндты иумæ царды- сты. Виталик сбæрæг кодта биноклæй, цы ранæй æхстой æмæ иу æхсæвыгон иунæгæй ацыд Никозмæ. Спырх сæ кодта гранатæй æмæ фæстæмæ, куыд ничи йæ бафиппайдтаид, афтæ сфардæг. Стæй, дам, æй ирон Матросов хуыдтам, мысыдысты йæ йе ’мбæлттæ. Цал æмæ йын цал хæстон сгуыхтдзинæдтæ ’рымысынц йе ’мтохгæнджытæ æмæ зæрдæрисгæ фæзæгъынц, куыд æй хъахъ- хъæдтам, нæ кæстæр кæй уыд, уый тыххæй, уæддæр, дам, нын нæ бантыст йæ бавæрын, зæгъгæ. Афтæ удуæлдай тох кодта лæппу, фæлæ йæ хъысмæт нал ба- уагъта йæ райгуырæн Ирыстоны хæдбардзинад æрæййæфтаид. 10 апрелы Виталик дæр, фæндзæм скъолайы кæрты цы пат- риотты уæлмæрд сырæзт, уым ссардта йе ’нусон цæрæнуат.
фЕНЫЖМЛ Ацы рæнхъытæ мæ зæрдæйæ ратæдзгæ цæссыгтæ сты, Маир1! Хæлар дынуæнт, дзæнæтыбадинаг хъæбул, æмæ, зон, дæу никуы ферох кæндзæн дæ Ир. Кæрты базмæлæнтæ нæ уыд. Уынджы дæр, хæдзары фарсмæ, чыртæ-чыртæй лæууыдысты адæм. Лæууыдысты уонгмард, сæргуыбырæй, сæ дзыхæй хъыпп-сыпп нæ хаудта. Уый та, къæсхуыр, рæстæмбис, рæсугъд чызг уынджы кæрон, фæзилæнæй касти. Касти æмæ уыдта, иутæ кæрты гом дуарæй мидæмæ куыд цыдысты, иннæтæ та - æддæмæ, уынгмæ, цæс- сыгкалгæ куыд хызтысты. Йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп йæхимæ хъуыст. Стæй, цъусгай, къахдзæфтæ нымайгæ, ранкъуыст. Хур æм фæрсырдыгæй каст æмæ йæ аууон йемæ цæуæгау кодта. Афтæ йæм зынд, цыма дыу- уæйæ цыдысты, размæ хилæгау кодтой æмæ сæ къахайст афтæ цудгæ уыд, стыр уаргъ хæсгæйæ куыд фæцуды адæймаг. Йæ уæрджытæ кæй цудынц, уый æнæуый дæр хатыд, фæлæ йемæ æмбæлццонау цæуæг аууонмæ куы фæкомкоммæ, уæд æй тынгдæр банкъардта куыд æдых, ризгæ къахдзæфтæй фæ- цæйæввахс кодта зонгæ хæдзармæ, йæ удыйас кæй уарзта, уыцы хæдзармæ. Ацы хæдзары рудзынгæй-иу æм дыууæ уарзæгой цæсты аивæй кастысты æмæ-иу уæлæмæ æнæкæсгæ дæр ирдæй уыдта хъарм мидбылхудт лæппуйы цæсгомыл. Иæ хъуыдыйы ферттивгæ ацы уысммæйы бæрц ныв, афтæ удæгасæй, ирдæй растад йæ цæстыты раз æмæ чызг райгæ атагъд кодта, рæвдздæр айста йæ къах. Адæмы цурмæ куы бахæццæ, уæд уыдон фæстæ алæууыдысты, фæндаг ын радтой. Кæрты гом дуарæй бахызт æмæ... Ам дæр адæм, адæм, сæ фыл- дæр - сылгоймæгтæ, æвзонг чызджытæ, лæууыдысты æмæ са- быр куыдæй куыдтой. «Асинтыл схизын хъæуы, - зæрдæ йæхи къултыл хоста ахст цъиуау, - ма æрхау ма æрхау худинаг у!» - Йæхимæ хæцыд æмæ уæлæмæ цыд асинтыл. Уаты дуæрттæ дæр байтыгътой. Ам дæр сылгоймæгтæй йемыдзаг, иутæ лæугæ кодтой, аннæтæ - табæ- 1 Букуылты Алыксийы фырт.
ты алыварс бадтысты. Къæсæрæй уаты астæу сынтæгыл æвæрд табæтмæ фæндаг ныддаргъ, нал æмæ йæм нал хæццæ кодта. Паркет астæрд цыма сасмæй сæрст уыд, йæ къæхтæ дзы тыхæй хицæн кодтой. Цæстытæ табæтмæ ныджджих сты æмæ сæры февзæрд: «Мардæй дæр афтæ худæнбыл уыдзæн», - æмæ зæрдæ цыма рыскъуыд, кæмдæр дæлейау, хуылфы аныгъуылд: «Циу ай?.. Табæты мард растæй æвæрд куы вæййы, къухтæ - риуыл дзуарæвæрдæй... Ам та уæрджытæ уæлæмæ къуыпп дарынц урс-урсид æмбæрзæнæй... Цæсгом... Кæм ис цæсгом, йæ рæсугъд цæсгом? Сæры тымбылæг урс бинтæй бæстон тыхт, æппындæр дзы ницы зыны -нæ- цæст, нæ - фындз, нæ - был... ницы...». Бахæццæ йæм æмæ йæ къух æмбæрзæныл хъавгæ æрæвæрд- та. Куыд тынг æй фæндыд ныккуыдтаид, ныббогъ кодтаид, фæлæ маст хъуыры къуыбылойау ныффидар, хъæлæсы уæлæмæ нæ уадзы... Мад джихæй каст йæ разы сæрæй къæхтæм урс æмбæрзæнæй æмбæрзт хъæбулмæ æмæ тынг ныллæг, фæсус хъæлæсæй цы- дæртæ дзырдта йемæ, мардимæ дзырдта, цыма йæ алыварс ни- чи уыд. Чызджы урс æнгуылдзтæ куы ауыдта, уæд йæ сæрыл не схæцыд, бынты, йе ’рфгуыты бынты йæм скаст. Базыдта йæ... Æмæ уыцы тæккæ рыст уæнгты ахызт, цыма йын йæ зæрдæ дыу- уæ къухы ’хсæн исчи æрбалхъывта, цæсгом æрбампылд, сфыд- хуыз. Стæй ниуæгау сæппæрста маст, судзгæ маст. - Нал и-и-и... Нал и мæ лæппу... Сыгъд стджытæ, йæ сыгъд стджытæ ма мæм æрхæццæ кодтой, - æмæ табæтыл ныххоста йæ сæр... Ацы уысмы онг адæм æфсæрмæй, æви мады тæригъæдæй сæхи урæдтой, хъæрæй кæуын сæм цыма нымд каст, сæ цæссыг згъæлд æрмæст. Ныр ныййарæджы фæсус хъарæгмæ феуæгъд сты сæ зæрдæты дуæрттæ æмæ... Хæдзар æмткæй богъ-богъ фе- стад. Къултæ ныррызтысты... Цар дæлæмæ æрæнцад. Æддейæ лæууæг адæм дæр сæ хъæлæсы дзаг ныккуыдтой... Зæхх тæригъæд нал урæдта... Арв ныггуыппæг... Чызгæн йæ сæр разылд. Аныр æрхауа, афтæ йыл кæйдæр цæнгтæ æрбатыхстысты, ласæгау æй айстой табæты цурæй
æмæ йæ бандоныл æрбадын кодтой. Стæй хатыд - йæ сæр ын хъарм æнгуылдзтæ лæгъзытæ кодтой æмæ хъустæ дæр ацахстой фæлмæн, рæвдаугæ дзырдтæ: - Ма ку, мæ чызг, ма ку... Мæ иунæг уæд фæстаг амæттаг... Æрсабыр уæд бæстæ, æрмæст бæстæ æрсабыр уæд... «Фæстаг амæттаг... Фæстаг амæттаг...». - Æрмæст ацы дыууæ дзырды æрбынат кодтой сæры. «Фæстаг амæттаг... Фæстаг амæттаг...», - нырма сусæг хъæлæсæй, стæй, цыма дзæнгæрджы- тæ ныццагътой, дзыгъал-мыгъулгæнгæ айзæлдысты, байдзаг хатæн, ахызтысты æддæмæ æмæ дардæй, тынг дардæй ма гæ- зæмæ хъуыст: «Фæстаг амæттаг...». Уæлæмæ скаст, йæ сæр ын чи лæгъзытæ кодта, уымæ скаст... Уымæн - лæппуйы фыдæн йæ рустæ мидæмæ бахаудтой, æнæдаст цæсгомыл урс хилтæ барц лæууыдысты, цæстытæ кæмдæр арф къуырфыты бахаудтой, сæ хуыз дæр сын нал равзæрстаис... «Куыд æвиппайды азæронд, куыд, йæхи хуызæн нал у... Цас ра- цыд, хабар куы æрыхъуыст, уæдæй нырмæ?..» * * -А- Æвзæр хабар базырджын у Авд хохы, авд фурды сæрты тæхгæ ахиздзæн æмæ бынатмæ фæхæццæ уыдзæн. Уыцы хабар та хо- хæн æдде нæ - сахары тæккæ къæсæрыл æрцыд, мæнæ сыхаг хъæуы, сахармæ æрбахизæн фæндаг цы хъæуыл цæуы, уым. Фæлæ хабар йæхæдæг афтæ æвирхъау, афтæ æнахуыр уыд, æмæ дзæвгар рæстæг фæхъуырдухæн кодта, куыд, цы хуызы æрбаирвæзтаид æрхъулайы уæвæг сахармæ. Фæразил-базил код- та йæ алыварс æмæ ссардта æрбахъуызæн; ссардта æмæ сусæг хъæлæсæй цы æрбадзырдта, уый арвы нæрдау айхъуыст, анæрыд æнæхъæн бæстыл: «Амардтой! Букуылты лæппуйы амардтой!» Хæдзарæй хæдзармæ, уынгæй уынгмæ уадæй цырддæр æр- зылд фыдохы цау æмæ æнæуый дæр мастæй сыгъд зæрдæтыл ног маст бафтыдта...
ХÆСШ1 (РЛСШЖ&ЩЫ ЪОЯЫТÆИ 1991 аз; 10 ноябрь. Алыбон дæр ахæм æвирхъау хабæрттæ хъусæм æмæ зæрдæ йæ кусынæй фенцайы. Куыд фæивтой адæм сæ хуыз, сæ удыхъæд! Афтæ цыбыр æмгъуыдмæ ахæм стыр метаморфозæ æрцæуа адæймаджы психикæйыл, уый диссаг у... Æрмæст ма мæрддзыгой фæцæуын æмæ утæппæт мæрдтыл кæуын æмæ мастæй сæр дзæгъæлтæ кæны, зæрдæ æнæаскъуый- гæ риссы. Куы фенцайы, уæд фæтæрсын: циу цы ’рцыд, уæдæ!? Æмæ та галиу уæны бын ссудзы... Афтæ! Афтæ хуыздæр у Кæд рыст æнкъарæм, уæд цæрæм, удæгас стæм æмæ рыстытæ дæр хъуамæ уромæм! Хæст цæуы. Прессæ, радио, телеуынынад та йæ конфликт хо- нынц. Конфликт - дыууæ ныхмæлæууæг хъуыды куынæ фидауой, кæрæдзимæ куы быцæу кæной. Хатт ацы быцæу хылмæ дæр аса- йы, - афтæ йæ фæлгъауы фæсарæйнаг ныхæсты дзырдуат. Æмæ быцæу йæ фæстæ хыл нæ, фæлæ хæст расайдта, хотых- джын хæст. Тугдзых, æдзæсгом, æгъатыр хæст, кæцыйы сæр бын- тондæр никæй хъуыдис. Æнæзонгæ адæмимæ, бæстæимæ тох, чизоны, афтæ æдзæс- гомыл нымад нæ цæуы - исты бындур вæййы ахæм хæстæн. Фæлæ ацы хæст у цъаммарæй-цъаммардæр. Знон иумæ иу фын- гыл рæгъытæ уагътам... Абон та... Абон та Букуылты Алыксийы иунæг лæппуйы амардтой æнæ- формалтæ, фыдмард æй акодтой. Слыг ын кодтой йе ’взаг, йæ фындз, йæ хъустæ, басыгътой йын йæ цæстытæ. Æмæ марды дæр нæ дæдтынц... Тæрсынц?... Цæмæй ? Хуыцауæй? Æмæ уыдонæн Хуыцау куы уаид, уыдон Хуыцауысконд уд- гоймæгтæ куы уаиккой, уæд ницыгæнæг, Арвы Уациллайы хуы- зæн лæппуйы ахæм фыдмард акодтаиккой?
Хъуамæ дæ бауырна нæ зондджын фыдæлты амынд - ном цæуылдæриддæр ис; алцыдæр ис. Æмæ уæд хæйрæг дæр ис. Хæйрæгæй æлгъыст чи фæвæййы, уымæ та адæймаджы хорз миниуджытæй ницы вæййы. Сырд дæр ма ауæрды лæгыл - куы ницы йæ бахъыгдарай, дæ иувæрсты ахиздзæн... Къуыри рацыд, уæддæр нæ разы кæнынц, нæ дæттынц мар- ды. Бонтæ та, мастæй, катайæ, цæссыгæй семыдзаг бонтæ æмæ æгъуыссæг æхсæвтæ ныддаргъ сты. Алыкси - мæ хæлар, ме ’фсымæр - зынгæ ирон фыссæг, жур- налист... Бирæ, бирæ фыдæбæттæ чи баййæфта... Уæдæ Фыды- бæстæйон хæсты, репресситы дæр бахаудта, ахæстоны дæр æй фæдардтой... Ныр та йæм зæрырдæм уыцы стыр маст дæр æр- хаудта. Цы хуызы йын фенцон кæнон йæ судзгæ маст? Кæм бацагу- рон ахæм дзырдтæ, йæ зæрдæ цæуыл фæлæууа? Ницы мæ сæрæн æмбарын, мæхи зæрдæ дæр атонынæввонг у. Хъуыдытæй сæр ныууæззау. Кæдæмты дæ нæ фæхæсдзысты æнæхайыр хъуыдытæ. Мæ зæрдыл æрбалæууыд, Алыкси нын иу- хатт йæ царды зындæр цаутæй иу куыд радзырдта. Рауагъдад «Ирыстон»-ы куыстам иумæ. Иуахæмы корректор- тæм бадтыстæм; ныхас æрхаудта æмæ нын радзырдта: «Одиноч- кайы» мæ уыйбæрц фæдардтой, бонты нымæц мын схæццæ ис. Къамерæйы къуымы хæлуарæг йæ хыз быдта. Æз йемæ ныхас кодтон, цæмæй мæ хъæлæс мæхæдæг хъуыстаин. Хуынчъы-иу куы амбæхст, уæд-иу æм дзырдтон: «Рахиз, ды дæр уд куы дæ, ра- хиз, куы змæлыс, уæд мын ныфс дæ...». Иууыл уымæй тарстæн, сæрфæг ма æрбацæуа æмæ йæ цъы- лынæй ма расæрфа...». Цæмæн æрбалæууыд уартæ кæды цау мæ зæрдыл? Æвæццæ- гæн, афтæ мастæфхæрдæй мæ цæстæй кæй нæ цух кæны, уымæн. Ныггуыбыр, фырмæтæй нымпылд. Хъæбулы маст дæр ма хъуа- мæ бавзæрстаид уытæппæт хъизæмæртты фæстæ?! Дыууæ къуырийы рацыд - дыууæ азæй даргъдæр дыууæ къуы- рииы. Маиры марды уацайрагыл баивтой. Æрластой йæ... Ацыдтæн... Стырдæр дудгæбонæн æрымысæн нæй, æвæццæгæн...
Æрмæст ма æрдæгсыгъд стджытæ бафтыд къухы... Хиросимæ æмæ Нагасакийы трагеди кæм æрцыд, уыцы япойнаг коррес- пондент дæр нæ баурæдта ахæм уæззау нывмæ бакæсын - йæ зæрдæ бахъарм... Алыкси та... «Нæ йæ сфæраздзæн, нæ йæ сфæраздзæн», - мæ сæрæй нæ хызт ацы хъуыды, - тасæйдзаг хъуыды. Фæлæ, Хуыцау, табу дæхицæн! Æвæджиауы стыр тых, стыр удвидардзинад разынд ацы фæлмæнзæрдæ, алы хатт хиуылхæцгæ лæгмæ! Нæхи нын сабыр кодта: «Мауал æфхæрут уæхи, бæстæ æрса- быр уæд æмæ, цы кæнон, мæ иунæг фæуæд фæстаг амæттаг...» «Фæуыдзæн ацы тугкалæн хæст, бæстæ дæр æрсабыр уы- дзæн, - хъуыды кодтон мæхимидæг, - æрмæст дæуæн никуы æр- сабыр уыдзæн дæ зæрдæйы рис. Бинонты кой уæддæр куы ба- кодтаид дæ лæппу, дæ уæзæгыл дын иу уидаг куы ныууагътаид»... Нæ зонын, рохгæнаг нæ дæн, фæлæ азтæ семæ алцы ахæс- сынц - цæсты рухс, тых, хъуыды... Цасфæнды фæцæрон, мæ хъуыдыйæ никуы ахаудзæн, Алыкси йæ хъæбулы гом ингæны был куы ныккуыдта: «Фенынмæ, мæ физонæгау фых лæппу...». Уæдмæ, йæ бавæрыны бонмæ, йæ цæссыг никæмæн равдыс- та. Уым та... Цал хатты мæ зæрдыл æрбалæууы уыцы бон, сриссын, æнæ- хъæнæй сриссын. Уыцы бонты, æвæццæгæн, афтæ бафæллад, афтæ, æмæ йæм цæрын дæр нал цыд, йæ ныфс дæр асаст æмæ, ома, «тагъд дæ баййафдзынæн, хъæбул, æмæ уал фенынмæ...». Фæлæ фæтых ацы стыр мастыл дæр, фæтых, йæхæдæг дæр куыд нæ уыд æнхъæл, афтæ фидар фæлæууыд. Æмæ æз сæрыстыр дæн мæхи æфсымæр, мæхи Алыксийæ! Зынæвзарæн бон куы ’ркæны, уæд лæгыл бафæразын фидауы. Цард дæр æмæ мæлæт дæр Хуыцауæй лæвар сты. 20.04.1992
хьсрюсьутйыцпж Уары мит. Мартъы дымгæ митын урс-урсид гæлæбуты йæ разæй айсы æмæ сæ сæрзилæнтыл фæкæны. Миты тъыфылтæ, расгуытау, куы кæрты æрдæгсыгъд, калцæг фæткъуы бæласыл атыгуыр вæййынц, куы та къæсырдæм фæвæййынц æмæ рудзгуытыл сæхи ныццæвынц. Уазал сын у тъыфылтæн æмæ рудзгуыты æвгтыл сæ цæссыг калынц. Къæс талынг æмæ æмырæй лæууы, мæрдон æмырæй. Дымгæ, мартъы æдылыдзæф дымгæ, ’хситгæнгæ, футтытæ- гæнгæ, йæ алыварс зилы къæсæн æмæ йæ фæнды мидæмæ ба- ирвæзын. Фæлæ уæгъды... Дуар фидар æхгæд у... Æмæ дис кæны, дугъы бæхау æнæрулæфгæ дымгæ, цымæ кæдæм фæцыдысты уагæры къæсы цæрæг бинонтæ? Цæмæн афтæ талынг æмæ æмыр у къæс? Раджы-иу къæсы пиллон арт йæ сырх æвзæгтæ æддæмæ куы дардта, дымгæмæ æмæ рудзынджы æвгтæм сæ фындзтæ нылхъивæг чысыл лæппутæн дæр сæ дæндæгтæ урсæй куы æрттывтой!.. Ныр кæм сты?.. Æмæ та йæ тых, йæ бонæй къæсы алыварс дугъ систа дымгæ, хойы дуар, зыр-зыр кæнынц рудзгуытæ. Къæсы æндæргтæ ра- хау-бахау кæнынц, сæ къухæй агурынц кæйдæр æви цыдæр, цы- ма цыдæр амонынц искæмæн æмæ æвиппайды мады æндæрг ныууынæргъы: - Мæхæмæт, хъæбул... - Дзæрæхмæт... - Хаджисмел... - Созыр... - Шамиль.. - Махарбег... -Хасанбег!... Кæм стут, мæ зæрдиæгтæ?... Сиды мады уд йæ хъæбултæм, сиды зæрдæсудзгæ...
Фæлæ никæмæ хъуысы хъæр. Къæсы у талынг æмæ дзы æмырдзинад схицау... Æддейæ та дымгæ мард хъæбулты табæты раз, дзыназгæ, мады хъæлæсæй кæугæ, зилы уынгты æмæ сиды: - Мæхæмæт! - Дзæрæхмæт! -Хаджисмел! - Созыр! - Шамиль! - Махарбег! - Хасанбег! Мады æндæрг артдзæсты æргуыбыр, фæнык акъахта æмæ фу кæны... Арт ссудзын нæ комы æмæ уазал у къæс, талынг... - Уадз æй, ма тухитæ кæн, нал ссудздзæн... - кæцæйдæр æр- цыд мады хъустыл зонгæ хъæлæс... Сындæг, тынг сындæг схæцыд мады æндæрг йæхиуыл, къулыл базмæлыд бæрзонд, урсзачъе нæлгоймаджы æндæрг æмæ сындæг раленк кодта мады ’рдæм. - Уый ды дæ? Кæм сты, гормон, лæппутæ? Лæг йæ къухæй царæрдæм ацамыдта: - Æвæццæгæн... Стæй усæн йæ цонгыл рахæцыд æмæ йæ хъавгæ акодта дуары ’рдæм. Байгом дуар æмæ, тыбартыбургæнгæ, рухсы аныгъуыл- дысты дыууæ æндæрджы дæр. Кæрæдзийы æнæфиппайгæ сулæфт сæм хъуыст æрмæст æмæ: - Кæм дæ?! Кæм дæ?!. - рацæйхаста дымгæ фыды хъæр. - Ауылты, ауылты! - сидти йæм мады хъæлæс. Æмæ рухсы æнæкæрон денджызы размæ бырста фыды æндæрг размæ, раз- мæ æнæфæугæ фæндагыл... Дымгæ цыма фæсыкк, мартъы æрра дымгæ. Æмæ та хъарм, бæллиццаг хъæлæс сидтис: - Ауылты, ауылты... Йæ хъус адардта. Фиагдон, хъуырхъуыргæнгæ, тындзыдта раз- мæ, æмæ цæуылдæр мæстджын дуртыл йæ фынк калдта. Сагъдæй лæууæг æндæргмæ тынг æввахсæй æрбайхъуыст: - Ссардтон сæ! Ссардтон сæ!!! Йæ цæст ахаста фыд арвы тыгъдадыл æмæ бамыр.
Фæндаджы былгæрон лæууыд саударæг мад, лæууыд сæры- стыр æмæ æрхуымæй. Лæууыд дурæйконд мад æмæ йе тарæй кæрæдзи фæстæ тахтысты хърихъуппыты хуызы йæ фырттæ - авд хърихъуппы, авд лæппуйы, авд уды.1 %еы 'КУЫ(ЮЯГЯ Х’УЪПХЯУÆЙ СЛШ Нырма дзæбæх нæма ’рбабон и, афтæ рог машинæ «царды фæндаджы» æххæл-мæххæлтыл размæ тындзыдта («царды фæндаг» та чи нæ зоны, Зары хъæдыл Цхинвалы блокадæйы рæстæджы лæппутæ цы фæндаг сарæзтой, уый кой кæнын). Æртындæс азы фæстæ та ногæй бахъуыд ацы фæндаджы сæр... Ногæй та равдыстой сæхи нæ сыхæгтæ, ногæй туджы зæйтæ ра- уагътой. Æмæ та фæстæмæ ацы фæндагыл цыдысты адæм фалæмæ - Дзæуджыхъæумæ, не ’фсымæртæм. Машинæйы дыууæ сылгоймаджы - сæ иу - ацæргæ, идæдз, иннæ æвзонгдæр - æмæ æртæ саби бадтысты. Сабитæй, дыууæ чысыл фаззоны, сæ иу йæ мады хъæбысы фынæй кодта, иннæ - йæ нанайы хъæбысы. Сæ хистæр хо Мадинæ та раззаг бадæныл йæ фыды фарсмæ бадти æмæ, ас адæймагау, хъуыдыджын цæстытæй размæ каст. Иугæр хъæды фæндагæй куы ахызтысты æмæ Итраписы сосæ фæндагмæ куы ныххæццæ сты, уæд шофыр машинæйы цыд фæтагъддæр кодта - йæ бинонты уым йæ хиуæттæм бафснайд- таид, фæлæ йæхи уыцы бон фæстæмæ раздæхын хъуыд постмæ, йæ тохы æмбæлттæм. Рукъæй ахызтысты. Ам сæ разæй æмæ сæ фæстæ дæр дзæвгар машинæтæ згъордтой æмæ сæ фылдæр сылгоймæгтæй æмæ сабитæй йемыдзаг... Цымæ та кæдмæ хъыгдардзыстæм нæ «фы- сымты?», - хъуыды кодта ацæргæ ус - шофыры мад. ^Дзæуджыхъæумæ фæндагыл, Дзуарыхъæумæ фæзилæны цур ис УСФСР аивæдты сгуыхт архайæг Санахъоты Паулейы фырт Сергейы къухæй конд цырт - саударæг мад æмæ авд хърихъуппы. Ацы цырт уый сарæзта Гæздæнты авд æфсымæры æмæ сæ мад Тасойы номыл. Авд æфсымæрæй иу дæр нал æрыз- дæхт Фыдыбæстæйон хæстæй.
«Ныр æртæ сывæллонимæ искæйы къæсæрыл балæуу!», - развæлгъау æфсæрмыйы æнкъарæн æхсыдта æвзонгдæр сыл- гоймаджы зæрдæ. Мыкалгабыры кувæндонмæ куы бахæццæ сты, уæд лæг ма- шинæ баурæдта. - Рахизут, кувинæгтæ дæр райсут, - загъта устытæн æмæ йæ фарсмæ бадæг чысыл чызгмæ бакасти: - Цы дæ былтæ ’руагъ- тай, мæ къæбæда чызг, цæуыл мæт кæныс? Иу-дыууæ боны æмæ та уæ фæстæмæ раласдзынæн, - йæ цæнгтыл ын фæхæцыд æмæ йæ бандонæй райста. Сылгоймæгтæ дæр рахызтысты æд сывæллæттæ, хызын дæр райстой æмæ кувæндоны ’рдæм араст сты. Ацæргæ сылгоймаг чысыл чызгæн йæ къухыл ныххæцыд æмæ йын рæвдаугæ хъæлæсæй афтæ: - Мадинæ, хъæбул, афтæ фæзæгъынц, адæймаг, дам, ку- вæндонмæ фыццаг хатт куы бахизы, уæд Хуыцауæн йе стырдæр бæллиц хъуамæ зæгъа æмæ, дам, ын æй сæххæст кæндзæнис. Зæгъ, мæ зæрдæдарæн, иууыл тынгдæр дæ цы хъæуы æмæ-иу кæс, куыд тагъд дын сæххæст уа. Бахызтысты бинонтæ кувæндонмæ. Æндæр бæлццæттæ дæр дзы дзæвгар уыд. Мад ссыгъта цырæгътæ. Бафæдзæхстой сæхи Хуыцауæн, бæстæ цы æрсабыр уа, уый дзы ракуырдтой, ирон адæмыл цы ауда, - сæхиуыл дзуæрттæ бафтыдтой. Цырæгътæ сыгъдысты æмæ кувæндоны мыдадзы æхцон тæф цыдæр æхсызгондзинады æнкъарæн лæвæрдта кувджытæн. Чысыл чызг лæууыд йæ нанайы фарсмæ, касти къултыл зæдты нывтæм æмæ хъуыды кодта, цы ракура Хуыцауæй, цы хæрзиуæг. Стæй йæ кæуын йæ хъуырмæ схæццæ æмæ зыр-зыргæнаг хъæлæсæй сæппæрста: - Хуыцау, ницы дæ курын, æрмæст мæхи Цхинвалы æхстытæ мауал... - æмæ ныккуыдта... 6.08.2004
цъитляФЛзтъю хмсшоя Ацы лæппу Хъотайтæй у æмæ Кировы уынджы цæры йæ мад æмæ йæ фыдимæ йæ дадайы амад рæсугъд хæдзары. Уарзы лæппу йæ хæдзар, йæ уынг. Æмæ лæппуйы дæр бирæ уарзынц уынджы цæрджытæ. Сывæллоны алчи дæр уарзы, фæ- лæ Арсен йæхи сывæллоныл нæ нымайы - ас лæгтимæ афтæ ны- хас кæны, куыд зондджын кæстæр - салам сын ратты, сæ къухтæ сын райсы æмæ сæ «куыдтæ стут?» - бафæрсы. Худæг фæкæсдзæн, чи зоны, искæмæ, фæлæ мæнæн æхсыз- гон у æмæ мæм худæг дæр нæ кæсы: æгъдауджын ирон лæппу хъомыл кæны, нæ фидæны гуырд, йæ адæм, йæ бæстæйы фидæн хъахъхъæнæг. Фарон сæрды та нæ сыхæгтæ сæ æдзæсгомдзинад куы равды- стой æмæ куы æрбалæбурдтой, уæд Арсен уынгæй хъæргæнгæ æрбазгъордта: - Мама, мама, ракæс-ма мæм! Мад хæдзары цыдæр архайдта æмæ лæппуйы хъæрмæ тарс- тæй разгъордта дуармæ. - Цы кодтай, хъæбул, цы уыд? - Тагъд бинт рахæсс, мæ сæр мын бабæтт! - йæ сæрыл хæцы лæппу. - Цы кодта дæ сæр, алæ-ма фенон дын æй. - Цы мын кодта, æмæ фæцæф дæн! - Уый та куыд?.. - Куыд... Нæ зоныс, гуырдзы кæй æрбалæбурдтой?.. Тагъд ма бинт рахæсс. Мад мидæмæ баздæхт, бинт рахаста æмæ дзы сывæллонæн йæ сæр æртыхта. - Мæнæ мæ цонг дæр фæцæф, - бадаргъ æм кодта йæ галиу цонг. Мад ын уый дæр бабаста. - Мауал ахиз æддæмæ, бамбæрстай? - бафæдзæхста лæппуйы æмæ иæхæдæг йæ митæ кæнынмæ мидæмæ баздæхти. Иучысыл рæстæджы фæстæ та мады хъустыл цыдæр гуыпп- хъæр ауад. «Цы та архайы уыцы къæбæда», - ахъуыды кодта мад æмæ йæм рахъæр кодта: - Арсен, кæм дæ, цы раппæрстай?
- Ницы, ницы... Ма стыхс! - Кæм дæ, уæдæ? - йæ агурæг рахызт ус. - Мæнæ дæн, - рахъæр кодта лæппу уæлейæ йæ хатæнæй æмæ асиныл æрхызт, йæ къухы хъазæн автомат, афтæмæй. - Мама, изоляцигæнæн лентæ ма мын радт, мæнæ Лешик (йæ фыды, лæгау, йæ номæй хоны] йæ автоматыл магазин цæмæй бабæтты. Арсенæн йæ фæндоныл дыууæ зæгъæн нæй - йæ хъуыдыйы рæстдзинад дын уæддæр сбæлвырд кæндзæн. Мад рахаста изоляцигæнæн лентæ æмæ йæ фæрсы: - Уымæй та цы аразынмæ хъавыс? - Мæнæ мæ автоматыл ног магазин бабæттон, изæры папаимæ постмæ цæуын, - хъуыддагхуызæй сдзуапп кодта цыппараздзыд хæстон æмæ йæ «хотых» срæвдз кæныныл схæцыд... 20.07.2004 тул 3. В.-йæн Сылгоймæгтæй иу цъында быдта, иннæ хыссæимæ архайдта... Пецы сугтæ куы къæрццæмдзæгъд кодтой, куы - хъырнгæ. Æддейæ та бæстæ урс пæлæзы тыхтæй тæмæнтæ калдта. Ми- тын гæлæбутæ рог дымгæмæ сæрзилæнтыл бафтыдысты. Сылгоймаг пецæй фых кæрдзын райста, фынгыл æй æрæ- вæрдта æмæ хатæн æхцон тæфæй байдзаг. - Хъуыды ма кæныс, Полинæ, уыцы цъаммæрттæ нæ хæсты рæстæджы æрхъулайы куы дардтой æмæ нæм кæрдзын куынæ уыд? - Ацы тæккæ кæд мæ зæрдыл не ’рбалæууыд... Физонæггаг нæм куы ’рбахаста Мария æмæ йæ цæимæ бахордтаиккам, ууыл куы катай кодтам. Стæй нæм æнæнхъæлæджы хъарм торнетæ куы ’рбахастой... Æмæ та, хъаугъа кæй хонынц, уыцы æгъатыр хæсты цаутæ ’рымысыдысты... Иуцалдæр боны дзулфыцæн комбинат нæ куыста æви дзул бæрцæй уагътой, - адæм цухтæ æййæфтой.
Æнæуыйдæр, Леуахийæн фаллаг фарсмæ хидыл ахизын тынг тæссаг уыди: Згъудеры аргъуаны æрбынат кодтой сæ рæстдзæ- винтæ æмæ, дзулласæн машинæ нæ, фæлæ хидыл змæлæг нæ уагъ^гой. Зæронд ус Марияйæн йæ хъыбылтæй иу æддæмæ раир- вæзт! æмæ йæ нывгæнджыты хæдзары цурмæ багæрах кодтой (Ма^ия дæр уыцы кæрты цæры). Хъыбылы мард куыддæрты хæдйармæ баласæгау кодта ус æмæ йæ нывгæнæг Джусойты Ле- ойь/ æххуысæй ныссыгъдæг кодтой, суæнгтæ йæ кодтой æмæ йæ Мария сыхæгтыл байуæрста, - йæ бинонтæ фалейæ уыдысты æг^е йæ иунæгæй куыд бахордтаид? Иу дзæбæх хай дзы, сыхы устытæ-иу кæм æхсæвиуат кодтой, уырдæм æрбахаста. - Гъа-ма, физонæг дзы скæнут. Мах хъыбылы физонæг ба- хæрæм, чи мын æй æрбамардта, уыдонæн та куыдзы дзидзайы йеддæмæ бахæринаг мацы уæд (æцæг-иу куыйты дæр æхстой), - загъта Мария, хъыбылы цæуæн фынгыл æрæвæрдта æмæ сыл- гоймæгтæн сæ зæрдæтæ хурварс куыд нæ абадтысты, - хæст уа æви æндæр исты æнамонд хабар, адæймаджы хæрын уæддæр хъæуы. А, физонæггаг бæргæ æрбафтыд, фæлæ айдагъæй хъыбылы фыд бахæрын тæригъæд у, кæрдзын та нæдæр фысымтæм уы- дис, нæдæр - сыхæгтæй искæмæ... Уæдмæ дын кæрты æфсæн дуар чидæр æрбахоста. Фысым ахызти. Дуар æрбакодта æмæ мæнæ диссæгтæ! Раст ма аргъæутты дæр ахæмтæ вæййы: къæ- сæргæрон рог машинæ, йæ цуры мидбылхудгæ лæууы лæг, йæ къухты та хъарм кæрдзынтæ. Ус фырдисæй дзурын дæр нал сфæрæзта, лæг йæхæдæг фæраздæр: - Куыд стут? Кæд, мыййаг, ницæмæй тыхсут? Мæнæ уын кæрдзынтæ, - радта сæ усмæ. - Æз тагъд кæнын. Нæ сыхæгтæн дæр хъуамæ нылласон Пшавелайы уынгмæ, - машинæйы ’рдæм фездæхт лæг. - Айхуызæн æхстыты куыд... - тыхæй сæппæрста ус дыууæ дзырды. - Ницы кæны, исчердæм ныййрвæздзынæн, - æмæ машинæ анкъуыст. Хъарм кæрдзынтæ мидæмæ куы ’рбахаста, уæд устытæн фырдиссагæй сæ цæстытæ астыртæ сты. - Дæ Хуыцауы тыххæй, чи уыд? Йе уоны касти? - бадис кодта Хъоцион.
- Мæ хойы лæг... - Дæуæн дзы цы сиахс ис, уый - никæмæн, - йæ хæлæг бам- бæхсын йæ бон нал баци Харебианæн... ’, Машинæ та цалынмæ Важа Пшавелайы уынгмæ ныхха&ццæ уыдаид, уæдмæ иуцалдæр посты цурты хъуамæ ахызтаид. кæм- иу æй базыдтой, уым æй нæ урæдтой, фæлæ, Чкаловы уынджы цы лæппутæ лæууыд, уыдон шофырмæ нæ, фæлæ машинæйы гуырдзиаг номыртæм фæкомкоммæ сты æмæ дын райстой\лæ- джы зæхмæ. Ратон-батон, иутæ, иннæтæ. Тых æмæ фыдтæй сын бамбарын кодта лæппутæн, машинæ дæр æмæ кæрдзынтæ дæр зонгæты фæрцы кæй самал кодта. - Сбадут æмæ рацæут мемæ, уæхи цæстæй фендзыстут, кæ- мæн хæссын кæрдзынтæ, кæм цæрын мæхæдæг, уый дæр, - загъ- та сын æмæ дыууæ лæппуйæ йæ цуры сбадтысты... Нылласта сæ Пшавелайы уынгмæ, кæрты, сæ корпусы фыц- цаг уæладзыджы фæрссаг бахоста. Сылгоймаг дзы ракаст. - Бекъуен, мæнæ уын кæрдзынтæ, иннæ сыхæгтæм дæр ба- дзур æмæ ахæссой. Сых иууылдæр ракалдысты дуармæ. Лæг иста уаргъдонæй кæрдзынтæ æмæ дзы алкæмæн дæр лæвæрдта. «Æй, бирæ цæрай, Вано, бирæ цæрай!», - хъуыстой сылгоймæгты зæрдиаг арфæтæ лæппутæ æмæ къæмдзæстыгæй кастысты зæхмæ. Дзултæ куы фесты уæрст, уæд лæппутæй иу бацыд лæгмæ æмæ йын загъта: - Ныххатыр нын кæн. Уыныс, цыхуызæн уавæр у... Дæхæдæг хуыздæр зоныс. Цом, ахизын дæ кæнæм, науæд дæ уыцы гуыр- дзиаг номыртæ искуы бæллæхы баппардзысты. уысмы л^ртъ 3. В.-йæн Фынджы фарсмæ цыппарæй бадтысты æмæ сырх сæнæй рæгъытæ уагътой. Фынг та, ирон фынг цы вæййы, ахæм: къуы- дырвых дзидза, зæгъай, карчы фыд, физонæг, хæбизджын æмæ алы хæрзад хæринæгтæй - йедзаг. Рæдау фысым уæддæр рауай- бауай кодта къуымты æмæ-иу куы цы бафтыдта æнæуыйдæр дзаджджын фынгмæ, куы - цы.
- Хæргæ дæр акæнут, уæ хорзæхæй. Куы ницæмæ æвналут, - хатыдис йæ уазджытæм сылгоймаг. - Дæ лæггад бирæ, Пылион, хæргæ дæр хорз куы кæнæм, уæ- дæ ма цы вæййы? - загъта йын, фынгыл хистæриуæг чи кодта, уыцы хæрзконд, рæстæмбис кары лæг æмæ, цæуыл ныхас код- той, уый та адарддæр кодта. Дзургæ та цæуыл кодтаиккой? - цæлы фынг уа æви хъыджы фынг, нæ адæмæн сæ дзырды сæр - нæ уавæр. Бæргæ сæ иууыл- дæр фæнды, куы ферох кæниккой уыцы хъизæмайраг бонтæ, æгæрдæр ма схъыг сты уыйбæрц мастæй æмæ куы фембæлынц, уæд архайынц, чысыл æнцой радтой сæ фæллад удтæн, хъæл- дзæг хабæрттæ æрымысой, ахудой, фæлæ цасфæнды сæхи ма хизой, зæронд хъæдгæмттæм ма фæцагайой, уæддæр сын нæ ра- уайы, уымæн æмæ нæ «хорз» сыхæгты хъыззы-хъыззыйæн кæрон нал ис. Фынгылбадæг лæгтæ дæр сæрæй сæ минас хъæлдзæгæй рай- дыдтой, зæрдæ цæуыл фæлæууа, ахæм цаутыл дæр аныхæстæ кодтой, фæлæ ирон фынгыл, Ирыстоны сæрвæлтау йæ цард чи æрхаста, уыдонæн рухс ма зæгъой, уый гæнæн нæй, уый та хъæдгоммæ фæныхилынæн фагæй фылдæр вæййы. Мачи мацы æрымыса хæсты æрцæугæ уæззау цаутæй æмæ ма радзура... Ацы хатт дæр та афтæ уыд, фæлæ фынджы хистæр, цæй фæ- дыл сæ æрбахуыдта фысым, уый йæ зæрдыл даргæйæ, ныхас йæхимæ райста æмæ хынджылæггæнæг хуызы райдыдта: - Махæн нæ хъуыддаг афтæ у: мæнæ иу чидæр къуыпрагъ уыдис æмæ, дам, сфæлмæцыдтæн ацы къуыппæй æмæ дзы цом фæлидзон. Лидзы, лидзы æмæ куы бафæллад, уæд æрбадт, мæ фæллад суадзон, зæгъгæ. Йæ фæсонтыл йæ къух æрхаста æмæ, къуыпп йæ бынаты лæууы... Уадзæм уал æй нырма, исты хостæ йын кæндзыстæм æмæ уал мæнæ нæ уазæгæн ракувæм. Нæ уа- зæг та ахæм у æмæ йын Хуыцау бирæ цæрæнбон æмæ бирæ тых- тæ хъуамæ радта. Лæг йæ уд искæй уд фервæзын кæнынæн куы- нæ æвгъау кæна, уæд ма уымæй стырдæр лæгдзинад цы вæййы? Фынгылбадджытæ уазæгмæ цымыдисæй бакастысты, уый та, æнæуыйдæр^мадзура æмæ æфсæрмгæнаг, стыхст, йæхи ма цы фæкодтаид, уый нал зыдта æмæ æфсинмæ лæгъстиаджы цæс- тæй бакаст, ома, «нæ хъæуы уыдæттæ дзурын», - фембæрста йæ сылгоймаг æмæ...
- Цæмæн афтæ тыхсыс, Вано, цы ис уым æмбæхсинагæй? Ды куынæ уыдаис, уæд æз абон афтæ райгæ нæ бадин уæ цуры, фæлæ саударæг мад уыдаин. Ды мын мæ иунæг хъæбулы мæлæ- ты дзæмбытæй байстай. Уыцы уысмæн мæ уд йæ фæхъхъау, цы уысм Хуыцау дæу уым фестын кодта. Мæ хъæбулы мын гуыр- дзиаг неформалтæ куы... - æмæ йæ цæссыг нал бауагъта йæ ны- хас кæронмæ зæгъын. - Ульянæ, цины цæссыг хорз у, фæлæ акув дæ хъæбулы ир- вæзынгæнæгæн, - загъта йын цъус фæстæдæр фынджы хистæр. - Æз уымæн алыбон кувын. Сымах уый куы зониккат, цас æй фæцагуырдтон. Мæ чызг Тбилисы ахуыр кодта æмæ, змæсты- тæ куы райдыдтой, уæд ын рацæуæн нал уыд. - Автобусæй-иу ирæтты равзæрстой, рахизын-иу сæ кодтой æмæ знагыл дæр уыдоны ми æрцæуæд. Мæнæ сæ дыууадæсæй удæгасæй куы баныгæдтой, уыцы хабар æнæхъæн дунейыл куы айхъуыст. Фырмæтæй мæ сæррамæ ницыуал хъуыд. Æмæ дын мæ чызг дæр куы рацæуид Чъребамæ. Къаралеты йæ æристой автобусæй ав- томатджын неформалтæ. Уыцы рæстæджы мæнæ ацы лæг, Хуы- цау ын хъæбулы маст макуы бавзарын кæна, уым фæцис æмæ сын æй сæ къухтæй байста. Цас ыл сæмбæлдаид, уый уæхæдæг бамбардзыстут, фæлæ мын мæ чызджы йæхи машинæйыл æркодта. Чызг æй фæрсы фæндагыл: «Дядя, чи дæ? Дæ ном, дæ мыггаг мын уæддæр зæгъ». «Нæ дæ хъæуы. Мæ сывæллæтты мад дæр ирон у. Уым кусын, уым цæрын æмæ...». Æмæ æндæр ницы схъæр кодта... Хорздзинад рох кæнын нæ хъæуы. Æмæ йæ ссардтон, ба- зыдтон, чи уыд мæ хъæбулы ирвæзынгæнæг. Æмæ ма, мæнæй дарддæр, цал æмæ цал адæймагæн сарæзта хорздзинад, уыдон дæр мын радзырдтой. Цал ирон цæф хæстонæн баххуыс кодта, уыдæттæ дæр зонынц бирæтæ. Р. 5. Плиты Ульянæ (фыссæг Джиоты Дауыты хо Настийы чызг) ныр йæ чызджы чындзы дæр арвыста æмæ йæ бинонти- мæ дзæбæхæй цæры.
<усрС СÆШÆМЛСШ Сардо æмæ Хъараджо иу хъæубæстæгтæ уыдысты, фæлæ сæ сыхæгтыл нæ банымадтаис - сæ иу хъæуæн йæ райдианы цард, иннæ та - йæ кæрон. Хъараджо æрцæуæггаг уыд, ацы хъæумæ куыстагур æрхаудта Къуарæн уыцы фарсæй. Куы фыййау цыд, куы та, уалдзыгон куыстыты рæстæджы, æххуырсты куыст код- та мыздыл. Хъæубæстæ йыл сахуыр сты æмæ йæ æцæгæлоныл нал нымадтой - ахæм хæдзар нæ уыд, уый кæмæн нæ бакуыста. Йæхæдæг дæр сыл сахуыр æмæ йæ ардыгæй йæ къах нал хаста. Фæстагмæ хъæугæрон цæрæг идæдз ус Къуылыхоны иунæг чызгмæ мидæгмой бацыд æмæ баззад ам цæргæйæ. Сывæллæттæ дæр сын рацыд. Йæхийау фыдсау дзы иу дæр нæ фæци æмæ сæ мад райгонд уыд. Йæхæдæг Хъараджо æнахуыр сауцъар уыд æмæ йыл фæсномыг Хъараджо дæр уымæн сæвæрдтой (хъара - сау, зæгъгæ]. Йе ’цæг ном бонæй-бонмæ рох кодта æмæ йын æй хъуы- ды дæр ничиуал кодта. Уыйхыгъд, Сардо та афтæ урсцъар уыд, цыма йæ цæрæнбонты хуры цъыртт никуы федта. Бæрзонд æмæ къæсхуыр, цъæхдзæст Сардо, иууыл зæхмæ касти, цыма дзы исты фесæфти æмæ уый агуырдта. Æнæхъыгдард, кусаг лæг уыд, йæ фыдкой никæмæй фехъуыстаис. Уый нæ, фæлæ ма дзы цыдæрхуызон аргъуц дæр кодтой иннæты уæлдай æмæ йæм цыдæр хъарм ахаст дардтой, мадзура уыд. Кæд æй ничи ницæмæй бафарстаид, уæд æнæхъæн бон дæр не сдзырдтаид. Йæ сæрыл худы бæсты урс сæрбæттæн дардта, йæ ныхæй йæ фæскъæбутмæ бастæй. Адæм уыцы цауыл дæр ахуыр уыдысты чысылæй, стырæй æмæ никуы ничи бацы- мыдис кодта, цæмæн цыд нæлгоймаг усы сæрбæттæны. Цыма дард сыхæгтæ кæй уыдысты, уый фаг нæ уыди ацы дыууæ лæгæн, сæ хуымы фадгуытæ дæр афтæ дæрддзæф уы- дысты кæрæдзимæ, æмæ мæй иу хатт дæр нæ сæмбæлдаиккой, хуымты донхæр куынæ хъуыдаид, уæд. Хъуыддаг уый мидæг уыд, æмæ дон Хъараджойы хуымы сæрты цыд, Сардойы хуым та далæ æппæты кæронæй уыд. Сæрды тæвд бонты дон алкæйы фаг нæ кодта^æмæ-иу хатт сыхæгты ’хсæн хъаугъа дæр рауад. Иу райсом раджы Сардо æд къæпи йæ цæхæрадон донхæр кæнынмæ ацыд. Æрвылхаттау, ныр дæр та дон Хъараджойы хуы- мыл æфтыд уыд. Иннæтæн сæ хуымтæ - сур, амæн та - фыр- цъыф, алæгæрдæнтæ дзы нæ уыд. Сардо къæпийæ сыджыт бас-
чъил кодта æмæ дон дæлæмæ ауагъта, йæхæдæг размæ ацыд, цæхæрадоны ’рдæм. Хъараджо та кæй фæраздæр ис донмæ æмæ ныр уым тæрхъусау кæй бамбæхст, ууыл Сардо хъуыды дæр нæ акодта. Цалынмæ дон хæццæ кодта, уæдмæ Сардо, кæуылты йæ хъуамæ бафтыдтаид, уыцы бынæттæ афæд кодта æмæ кæрдæг рувыныл фæцис. Иудзæвгар акуыста æмæ дон нæма разынд, фæстæмæ донвæдыл рацыд лæг. Нæй, кæм ис дон! Схæццæ Хъа- раджойы хуымы фадыгмæ æмæ дон фæстæмæ уым дæлæмæ фез- гъоры уыцы цъыфдзасты. «Ныр ай лæг у? Де ’рхауæн бонæн цы загъдæуа, цавæр æнæ- фсисдзинад у, диссаг нæу?», - йæхинымæры бахъуыр-хъуыр код- та Сардо, йæ сæр тилгæ. Дон фæстæмæ рауагъта, стæй чысыл фалдæр алæууыд æмæ йæхи бааууон кодта: «Банхъæлмæ кæсон æмæ йын зæгъон, цæ- мæн æмбийын кæны йæ цæхæрадон, искæй дæр бауадзæд, йæ цæгатæй нын куынæ æрхаста ацы дон». Иучысыл алæууыд æмæ кæсы, далæ Хъараджо, йæ сæр йе уæхсчыты ’хсæн нымбæхста, афтæмæй гуыбыр-гуыбыр рацæуы нартхоры бæрзонд æвзарты æхсæнты. Бауагъта йæ. Æрбацыд Хъараджо. Аракæс-бакæс кодта æмæ куыникæй суыдта, уæд та дон йæхирдæм фæцæйуагъта, Сардо дæр йæ уæлхъус балæууыд. - Цы кодтай, лæппу, цæуыл æмбийын кæныс дæ цæхæрадон? Мах дæр адæм стæм, бауадз нæ иучысыл. Махæн дæр бинонтæ ис æмæ нæ цæрын хъæуы. Хъараджо æнæнхъæлæджы дзырдæй фесхъиудта, къæрныхы æд давæггаг куыд баййафай, афтæ. Æниу, дондавæг дæр къæр- ных у, уæдæ циу? Лæууы Сардо, къæпи йæ риуы гуыдырмæ æнцой сæвæргæ, æмæ йæм уæлейæ дæлæмæ кæсы. Хъараджо та - тымбылтæ, уы- зыны хуызæн, фыртыхстæй нал йæ астæу сраст кæнынæн уыд, нал - дзурынæн. - Ныр сиахс дæ, уый тыххæй нæ сæрыл хъуамæ сбадай? - уæззаугай та йæм бадзырдта Сардо. Хъараджо йæ сæрыл схæцыд æмæ, фыццаг йæ цæст цæуыл схæцыд, уый уыд Сардойы сæрбæттæн æмæ йæ пырх ууыл акалдта: - Цы мæ фæстæ бафтыдтæ! Ауадз æй, гъа! Æмæ уал дзы дæ чъиллон хилабанди ныхс, стæй та йæ дæ къабускæйыл бафтау!
Цыма йын йæ зæрдæйы хъама фæтъыстой, - лæг афæлурс. Къæпи къухæй зæхмæ æрхаудта... «Чъиллон хилабанди»... «Чъиллон»... - хъустæ гуыз-гуыз код- той. Уæрджытæ сæхигъæдæй æрдыдæгътæ сты æмæ лæг зæх- хыл æрхауд. Йæ дыууæ къухæй йæ сæрмæ февнæлдта æмæ йæ рæзты сæрсæргæнгæ уайæг донмæ нымдзаст. Касти, фæлæ ни- цы уыдта, ницы хъуыста. Иуцасдæр рæстæг афтæ талынджы ба- дæгау йæхимæ хъуыста, стæй æвиппайды хъусты сылгоймаджы цъæхахст айзæлыд æмæ суыдта, алцыдæр дырысæй суыдта: ...Арвыл хур атылд. Хæдзары раз, кæрты, стыр тута бæласы аууон чысыл базыл саби бады, йæ къухы хъазæн æмæ цыдæртæ дыгъал-дыгъул кæны. Чысыл дæлдæр, маранийы раз зæххы æппæрст торнейæ ус къæдзæй кæрдзынтæ исы æмæ сæ арынджы æвæры. Стæй сæ мидæмæ, хæдзармæ бахаста, фынгыл сæ иугæйттæй рарæгъ кодта. Лæг йæ худ систа æмæ йæ сабийы сæрыл æркодта. Худ стыр уыд, хъæбæр кепкæджын, разæй, ныхы цур сырх стъалы конд. Сабийæн йæ сæр æд цæсгом худы мидæг аныгъуылд. Уый йæ йæ чысыл къухтæй систа йæ сæрæй æмæ сырх стъалыимæ хъа- зы, йæ тых, йæ бонæй архайы, цæмæй йæ рафтауа. Нæ йын комы æмæ йæ фыдмæ æххуысгур цæстытæй скаст. Æх, уыцы цæстыты лæгъстæгæнæг хъарм скаст!.. Фыд худ райста, стъалыйыл æфсонæн ацархайдта, стæй йæм бахудт: «Кæсыс, нæ комы. Цы кæнæм? Афтæ уал дзы ахъаз», - загъта йын æмæ йæм æй фæстæмæ радта. Йæхæдæг мидæмæ ба- хызт. Лæппу уæддæр йæхион кодта æмæ йæ чысыл къухтæй худ ахаудта, зæххыл атылд уым дæлæмæ. Уый дæр йæ цыппæртыл йæ фæстæ атындзыдта. Худ торнейы цурмæ бахæццæ. Лæппу дæр æй баййæфта, йæ цонгыл схæцыд, чысыл ма, хъуамæ йæ ацахса æмæ худ торнейы ныххаудта. Сабийы йæ сæры уæз размæ ахаста æмæ цæсгомæй тæвд цæхæрыл ныддæлгом... Æрдæгмардау бадæг зæронд лæджы фындзы хуынчъыты сыгъды тæф базмæлын кодта, йе ’фсæр æрхаудта... Нæ зыдта Хъараджо, цæмæн дардта Сардо худы бæсты урс сæрбæттæн...
цялътмл уфæгяс ®æ Гивийæн1 - Ацы хатт мæхæдæг хъуамæ иунæгæй ацæуон, - загъта йæхинымæры æмæ, бинонтæ куыстмæ куы ацыдысты, уæд йæхи рацæттæ кодта: æртæ цырагъы йе тары бавæрдта, дуар рахгæдта æмæ рацыд. Уынгæй ахызт æмæ уæлæмæ схæрд кодта. Иæ уæрджытæ йæ коммæ нæ кастысты, фæлæ йæхи нал басаста. Къуылдыммæ куы скаст, уæд æй бамбæрста - кувæндонмæ цы цæхгæрмæ асинтыл хъуыд схизын, ууылты йæ бон нæ бауыда- ид. Амæйразмæ дæр, чысыл-ма бахъæуа, йæ зæрдæ бахъарм уа, æмæ уæд иунæг нæ уыд. «Ныр та куы бавзæр уон, уæд мæ ху- динаг ныхъхъæр уыдзæн. Дардыл æрзилын мæ бахъæудзæн, фæлæ, хæдтулгæтæ кæуылты цæуынц, ууылты ахизон æмæ сындæггай исчердæмты сфардæг уыдзынæн», - ахъуыды кодта æмæ фæндагæн иннæ фарсмæ бахызт. Цыд саударæг ус, йæ къахдзæфтæ нымайгæ, йæ хъуыдытæ йæ разæй тындзыдтой æмæ йæ сæ фæдыл сайдтой. «Искæйтимæ дæм куы ’рбацæуын, уæд нал кæуын бауæндын, нал - сдзурын, - æфсæрмы фæкæнын, афтæ ма зæгъой, зæрондыл ма та цæй кæуын хъæуы, йæ цардыхай фæкодта, уæдæ кæдмæ цардаид, зæгъгæ. Уый æрыгæттæ афтæ хъуыды кæндзысты, фæлæ уыдон цæмæй зонынц, зæрондæй иунæгæй баззайын зындæр кæй у. Мæ маст æмбæхсын, куыд мæ бон у, афтæ. Фæлæ хатт мæхиуыл нал фæтых вæййын æмæ уымæ гæсгæ адæмæй мæхи дард фæ- ласын, ма мыл фæхудой... Адæмæн се ’взонг хъæбултæ фæцагъ- дысты, ацы зæронд та...». Хурбон уыд, фæззыгон хурбон. Фæндагæн йæ дыууæ фарс - къутæрæй, бæласæй - бур-бурид дардтой æмæ хуры рухсмæ бæс- тæ сыгъзæрин доны æвдылдæй зынд. Се ’хсæнты та - къутæрты ’хсæнты, кæрæдзийы фæрстæм, сау, згæ æфсæн æмбæндтæ зын- дысты. Уæлæмæ, къуылдыммæ, куы^ схæццæ, уæд æрулæфыд æмæ йæ алыварс йæ цæст ахаста... Йæ зæрдæ ныккæрзыдта: «Хуы- цау, не скæнæг, ай цы у? Уæлмæрд горæтæй фылдæр зæхх куы бацахста! Фæстаг азты æнамонд дуджы бирæ адæм фæцагъды, ^Тедеты Гиви - ме ’мкъай, Республикæйы сгуыхтжурналист.
фæлæ сæм афтæ иумæ, тымбылæй кæсын куыд уæззау у, куы... Æнæуый та нæм фæстаг азты куыд æвзæр миниуæг фæзынд - мардæн йæ фæстæ уæлмæрдмæ ничиуал цæуы. Раздæр та-иу уыйæппæт адæм растадысты æмæ-иу зианы йæ ингæнмæ баха- стой, стæй та-иу фыдохы фынгыл балæггад кодтой. Ныр зианы æрмæст йæ хиуæттæ аласынц хæдтулгæйыл, æрхонгæ адæм та се ’рыздæхынмæ хист хæрд фæвæййынц...». Ус куыд уæлæмæ-уæлæмæ цыд, афтæ йæм уæлмæрд æндæр- хуызон зынд. Дæлейæ - зæронд уæлмæрды, бæлæстæ, къутæр- тæ бамбæрзтой, бынтон схъæдхуыз и. Адæймаг тæрсгæ дæр фæ- кæндзæн фæдзæгъæлæй, гæнæн ис, фæстæмæ фæндаг дæр мауал ссара... Куыдуæлæмæ та, ног уæлмæрд сырæзт æмæ ам ингæнтæ фылдæр лæгъз дурæй æмбондгонд сты, сæ мидæг рæсугъд дзæнхъа дурæй цыртытимæ. Ам нырма бæлæстæ уыйбæрц нæй. Ног мæрдты хицæуттæ арæхдæр цæуынц уæлмæрдмæ æмæ зи- лынц сæ мæрдты æнусон бынæттæм. Схæццæ йæхионы ингæнмæ. Цыртæй йæм лæг ахæм æрхæн- дæг цæстытæй æрбакаст, æмæ сылгоймагæн цыма йæ зæрдæ исчи йæ къухы ’хсæн балæмæрста, афтæ фæци... Æмæ ницы, æппындæр ницы сфæрæзта - нæдæр кæуын, нæдæр - сдзурын. Фæндагыл та æндæрхуызон хъуыды кодта - ничи йæ уындзæн æмæ йæ зæрдæйы тыппыртæ суадздзæн. Æрбадти цырты комкоммæ дурын æмбондыл æмæ кæсынц кæрæдзимæ. Нæ, нæ хъуыд кæуын, нæдæр исты зæгъын. Сæ цæс- тытæ алцы дæр дзырдтой, кæрæдзийы хъуыдытæ æнæсымæй æмбæрстой, раджы куыд уыд, афтæ. Чысылфæстæ йæ хъуыдыйы фæци, цырæгътæ ссыгъта æмæ сæ цырагъдарæныл бафидар кодта. Æрбадт фæстæмæ йæ бы- наты æмæ та цыртмæ æдзынæгæй кæсы. Уддзæф-иу куы ’рбау- лæфыд, уæд пиллæттæ змæлыдысты æмæ, цыма, цырæгътæ кæрæдзийыл узæлыдысты, стæй та-иу фæхицæн сты. Хъуыды йæхион кодта: «Афтæ, мæгуыр уа дæ бон... Сыджы- ты хай бадæ. Рацæудзæн иучысыл рæстæг æмæ дæ сыджыт ба- хæрдзæн, æд стджытæ... Æмæ сиу уыдзынæ зæххимæ. Æрмæст ма уæлæуыл дæ афтид ном баззайдзæн. Цæудзысты дæм дæ бай- зæддаг æмæ дын дæ удæн рухс кæндзысты. Дæхæдæг та... Дæхæ- дæг та сыджыт фестдзынæ, сыджыт...». Æмæ рагон, тынг рагон царды ныв райгас усæн йæ цæстыты раз: хæххон хъæу Цъы-
ру. Ардæм-иу, скъолайы-ма куы ахуыр кодта, уæд сæрды улæф- тыты рæстæджы йæ фыдыхомæ цыд. Йæ фыдыхойы æмкъай ахуыргæнæг уыд æмæ-иу хъæуы сывæллæттæн алы цымыди- сон хабæрттæ дзырдта. Хъæубæстæ бирæ уарзтой Джена да- дайы. Æмæ-иу кæм бадт, уырдæм-иу стырæй, чысылæй сæхи ла- стой. Иу сæрдыгон бон дæр нæзыты бын тымбылæй бадтысты сых, сæ улæфт уагътой æмæ Джена дадамæ хъуыстой. Йæ дис- саджы хабæрттæй та иу дзуры: «Раджы, тынг раджы, бæстыл Хуыцауы йеддæмæ ничи æмæ ницы уыд. Бæстæ та уыд талынг, саудалынгæй æмбæрзт. Схъыг Хуыцау æмæ загъта, афтæ цæрæн нæй, уæт рухс! Æмæ дын уыцы тæккæ талынгæн йæ иу хай фæ- хицæн æмæ бæстæ ныррухс. Уыцы хай Хуыцау рахуыдта бон, иннæ талынг хайы та - æхсæв. Дыккаг бон та Хуыцауы бардзырдмæ гæсгæ зæххæй дон фæ- хицæн æмæ сæвзæрдысты цæугæдæттæ, цæдтæ, денджызтæ. Зæххыл та - бæлæстæ, кæрдæг, халсар схæцыд. Цыппæрæм бон арвыл райгуырдысты Мæй æмæ стъалытæ. Фæндзæм бон Хуыцау доны мидæг кæсаг сæвзæрын кодта, ар- выл та - тæхæг мæргътæ. Æхсæзæм бон - сырдты, стур-фос сæвзæрдысты. Иууыл фæстагмæ та, уый дæр æхсæзæм бон, Хуыцау адæйма- джы сфæлдыста. Фæлæ уæ зæрдыл бадарут, - дзуры Джена дада, йæ цæсгомыл цины мидбылхудт, афтæмæй, - Хуыцау алцыдæр дзыхы ныхасæй, дзырдæй, бардзырдæй сфæлдыста, загъта-иу æмæ-иу алцы йæ разы фестад. Адæймаджы та йæхæдæг, йæхи къухтæй сфæлдыста, йæхи куыд фæндыд, афтæ: систа сыджыт, снадта йæ æмæ йæхи æмхуызон сарæзта, бауагъта дзы æнæмæл- гæ уд æмæ афтæ райгуырд фыццаг адæймаг - Лæг. Хуыцау æи схуыдта Адам. Уый та нысан кæны зæххæй, сыджытæй сфæлдис- гæ. Искуы уæ исчи ахъуыды кодта, марды ингæны куы нывæрæм, уæд ыл сыджыт куы бакалæм къухæй, уæд цæмæн афтæ зæгъæм: пакъуыйау дын рог уæд дæ раттæг зæхх. Гъе, уымæн, гъе!». Хъусыс? Дæ раттæг зæхх... Уый тынг диссаг у, тынг цымы- дисон. Уыцы рагбонты, ацы æмбисонды хабæрттæм хъусгæйæ, цæ- мæй зыдтам, уыдон Библийы сыгъдæг фыстæджытæ кæй уы- дысты. Уыцы рæстæджы дины чингуытæ афтæ сæрибарæй уар- гæ æмæ кæсгæйæ нæ уыдысты. Джена дада та дины семинары
ахуыр кодта революцийы агъоммæ æмæ бирæ азты сауджынæй фæкуыста. Стæй революци куы фæуæлахиз; дины хъуыддаг куы сæхгæдтой, уæд хъæуы сывæллæттæн кæсын-фыссын амыдта. Фæстæдæр хъæуты скъолатæ бакодтой æмæ та йæ ахуыр- гæнæгæй баурæдтой. Сауджын уæвгæйæ, Библи куыд нæ зыдта æмæ уыцы æгъуыстаджы хабæрттæ таурæгъты хуызы дзырдта хъæубæстæн. Уыцы зондамонæн, царды мидисамонæг цаутæм- иу цымыдисæй хъуыстой адæм. Адæймаджы уæвынады мидис уæлæуыл дæр æмæ уымы бæсты дæр Джена дада афтæ рæсугъ- дæй амыдта Библимæ гæсгæ». Хур нындæвта. Сылгоймаг фæхатыд, бирæ рæстæг кæй ра- цыд, æмæ фестад. «Цæуон ныр, æндæра бинонтæ мæ разæй куы ’рбацæуой, уæд фæтæрсдзысты - хæдзарæй йæ къах куы ни- куыдæм æвæры, уæд ныр цы фæци, зæгъгæ». Къухсæрфæнæй цыртыл нывы асæрфта æмæ удæгасмæ куыд бадзурай, афтæ йын хъæрæй загъта: «Цы ма дын дзурон мæ зынтæ, дæхæдæг мæгуырдæр куы дæ. Мæхæдæг мæ мастыл хъуамæ фæтых уон, дæу ма цы тыхсын кæнон». Æмæ рацыд сæргуыбырæй... «Цалынмæ удæгас дæ, уæдмæ, лæгыл куыд æмбæлы, афтæ цæр», - йæ хъустыл ауад зонгæ хъæлæс... 2008 МÆЛÆЖ ЯЛЫХ’УЫЗОЯ <У - Аргæвд æй, къуырма, аргæвд. Йæ тæригъæдмæ кæсын мæ бон нал у... Ныр къуыридæргъы архайы йæ удисыныл. Уый дæр фервæздзæн æмæ мах дæр... - æддæмæ-мидæмæ кодта зæронд ус, мигæнæнты дзыгъал-мыгъул хъуыст. Лæг кæрты, æнгузбæласы бын æппæрст сыфцхъæдыл бадт, йæ рæмбынкъæдзтæ йæ уæрджытæм быцæу радта æмæ йе ’рдæг цæгæр сæр йе стыр æрмтты ’хсæн нылхъывта. Бадти æмæ дзагъырдзастæй зæхмæ касти. - Уæртæ сыхæгтæй искæмæ бадзур. Герга сæ кæрты цыдæр- тæ архайы. Нане дæр сæхимæ уыдзæн, фæкæсдзысты дæм... Аргæвдут æй æмæ йæ искуы баныгæнут, кæдмæ хъуамæ удхар кæна? - загъта та ус æмæ æхсæнтæ кæртмæ асæххæт кодта. ^^о^^^ 65 ^ч^З^©
Уый уæддæр æнæфезмæлгæ бадти. Нæдæр æм сылгоймаджы ныхæстæ бахъардтой, нæдæр доны сæххæтт. ...Скъæты фарсмæ, каубыды бацæуæны, рахизæрдыгæй уыд йæ бынат рагæй фæстæмæ. Иууылдæр æй зыдтой. Кæд-иу æм искуыдæй-искуыдмæ дыгæрдыг кæнæ галиу уæныг æнæ- рхъуыдыйæ барæдыдысты, уæддæр-иу не смæсты. Уæззаугай-иу бацыд, йæ сæрæй-иу ыл арæхстгай фæрсмæ ахæцыд. Фæстæмæ фæкæсын, ныхмæ фæлæууын æм чи бауæндыдаид!? Ома, цæваг уыд?! Хылгæнаг?! Нæ. Тыхджын уыд, афтæ тых- джын æмæ йæ куыд загъдæуа! Тыхджын æмæ лæгау зондджын... Ныр хуыссыд аууоны иунæгæй. Раздæр-иу куыд кодта, аф- тæ нæ: йæ цыппар къахы-иу йæ быны бакодта, йæ рæсугъд, уырынгтæ-уырынгтæ къæлæтгонд сыкъатæ-иу йæ бæрзæйыл авæрдта æмæ-иу цъынддзæстæй сынæр цагъта... Ныр та хуыссыд йæ иу фарсыл адæймагау Йæ къæхтæ размæ адаргъ сты, йе стыр сæр - зæххыл æдыхæй æвæрд... Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу схыррытт кодта, куынцыйас фын- дзыхуынчъытæй ралидзгæ уæлдæф-иу рыг сыстын кодта æмæ- иу йæ цæстытыл тыгуыргонд бындзытæ, гуызгуызгæнгæ, спæррæст ластой. Стæй-иу рыг куы апырх, уæд та-иу цæссыгæй удæст уæлтъыфылтыл рарæгъ-рæгъ сты... Сылгоймаг та рацыд къæбицæй, лæгæн йæ тæккæ раз слæу- уыд æмæ хæрз ныллæг хъæлæсæй загъта: - Уæдта мæхæдæг фæдзурон искæмæ, къуырма?.. - Дæ митæ кæн, - æнæфезмæлгæ сдзырдта лæг. Сылгоймаг æнæсыбырттæй аздæхт, къалати райста тыргъæй æмæ хæдзары раз цæхæрадонмæ бацыд. «...Ехх... Цыма йын æз нæ тæригъæд кæнын... Нæ хæдзарда- рæг куы уыд... Нæ къахыл нæ уый куы слæууын кодта. Æфсон- дзы дæр æй ифтыгътам, уæддæр-иу алы аз сыгъзæрины хуызæн рæуæдтæ ардта... Стæй йе ’хсыры гъæд! ...Йæ мацъони кардæй лыгкæнинаг уыд, игæрау - хъæбæрахст. Сыгъдæг царв... Стæй куыд хæраг уыд. Цыфæнды йын авæрдтаис йæ разы, алцыдæр хордта æмæ хуызджын, тыхджын дæр уымæн уыд...». Сылгоймаг хъæдуры дзæкъулæгтæ тыдта æмæ сæ къалати- мæ калдта. Хъæдуры бур-бурид, сыгъзæринхуыз сыфтæртæ йæ дзаумæттыл ныхæстысты, йæ дыстыл, йæ фæдджитыл æндæгъ- дысты. Æгасæй йын схъулæттæ кодтой йæ сау дарæс.
«Ныззæронд, мæгуыр... Алцы куыд зæронд кæны, куы, дзæ- гъæл баззайа!.. Цы ’рымысыд зæронд та?!. Дзидзайы цæттæйы раттынæн дæр нал сбæззыд... Алчи цы- нæ хæдмæл фос фæдæтты цæттæйы... Махонæн ныр цалдæр азы фæдзырдтон: «Куы йæ уыныс, ифтындзынæн нал бæззы, зайгæ нал кæны, акæн æй æмæ йæ дзидзайы цæттæйы ратт», зæгъын. Никуы мæм байхъуыста, йæ къух-иу ауыгъта: дæумæ, дам, нæ хауы... Иухатт та, куынæуал мæ фæрæзта, уæд мын æрхæндæгæй афтæ: «Усай, цы дзы дæ ныхтæ ныссагътай?.. Уадз, æмæ йæ зæры бонтæ дæр махимæ арвитæд, цы дæ хъыгдары?.. Лæппу йæ уарз- та æмæ мæ мæ зæрдæ нæ тæры... Уæдта...». Уас йæ мад амæла мæ иунæгæн, бирæ йæ уарзта, фæлæ йæ йæхæдæг нал уыны... Мæн та кæнæ къамбец цæмæн бахъуыд, кæнæ хæдзар?.. Дæлдзæх аирвæзæнт иууылдæр...». Зæронд ус йæхи бæласы аууонмæ байста, хъуыдытæгæнгæ. «Уарзта йæ, тынг æй уарзта, мæ сæр амæла...». Æваст йæ хъус- тыл сывæллоны цъæхахст ауад: - На-наа-а! Уæу-у, Наа-на-а-а! Йæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, йæ цæстыты раз та сноги кæддæры хабар: скъæты гом дуары раз, тæккæ рахизæны, чы- сыл Мурат дæлгоммæ ахауд æмæ йæ тых, йæ бонæй хъыллист кæны. Лома скъæты дуары астæу ныццæхгæрмæ, йæ фæстаг æрдæг - скъæтæн мидæгæй. Фæстийæ йыл хъомтæ æнцайынц, æддæмæ йæ схойынц... Уый та, хохау, лæууы, дуар æнæхъæнæй бацахста æмæ лæп- пуйыл æрæвæрынæввонг раззаг рахиз къах уæраджы цур къæ- дзæй дары. Лæууы йе ’ртæ къахыл фидар æмæ йе стыр, донæй- дзаг цæстытæй кæсы лæппумæ. Мадæн йе уæнгтæ бадон сты, йæ ныхæй уазал хиды цæп- пузыртæ рахъардтой: «Куы йыл ныллæууыдаид, уæд ын йæ тъаенгтæ акалдтаид». Йæ сæры царм цъæх арт суагъта: «Цавддур цæмæннæ фес- тын, мæ хъæбул, сау сыджыт мыл цæуылнæ ныккæлы! Æгомыг фос дæ куынæ рауæлдай кодта, уæд уымæн цы зæрдæ уыд, цы мады гуыбынæй рацыд?..». Цæссыг цæсгомы æнцъылдтыты афæд кодта... Куыдта мад, æхсидгæ цæссыгæй, куыдта... Йæ былтæ змæлыдысты, фæлæ йæ ныхæстæ йæхицæй дарддæр никæмæ хъуыстысты...
Уым та, кæрты, скъæты фарсмæ, Лома удхæссæгмæ æнхъæл- мæ каст. Быцæуы фаг тых æм нал уыд æмæ, цыма, йæ хъысмæтыл сразы, ахæм æнхъæлмæ кастæй каст. Йæ адæм, йæ бинонты раз йæ хæс намысджынæй бафидæг лæгау, æнхъæлмæ каст йæ адзалмæ... Æмæ удхæссæг хъазыд Ломайæн йæ удæй. Гæды мыс- тæй куыд фæхъазы йæ ахæрыны агъоммæ, афтæ дзы хъазыд. Уысммæ-иу йæ рæзты расимдта, йæ улæфæнтæ-иу ын ахгæдта æмæ та-иу йæ сæр æрбайсæфта... Уыцы уысмты-иу удисæг, зы- нæй, улæфгæ-улæфгæ нынныхъуырдта хъарм уæлдæф, йе стыр сустæй-иу, фындзыхуынчъытæй хуыррыттгæнгæ, фæстæмæ рау- лæфыд уæлдæф, зæронд лæг йæ фындзæй зырзыргæнгæ, куыд рауадзы тамакойы фæздæг, афтæ. Цæстытæй-иу фемæхст ивæзгæ дон - æмæ бындзытæ цъырд- той æмæ цъырдтой Ломайæн йæ фæстаг цæссыгтæ. Чизоны, дойны дæр уыд Ломайæн? Чизоны йæ йæ хицауы уарзæгой хъæлæс фехъусын дæр фæндыд: «Æй, анцай, уæиджы мыггаг, анцай!..». Кæнæ, чизоны, йæ хицауы стыр, дæрзæг къухты хъарм узæлд дæр мысыд... Удхæссæг та йын йæ удæй хъазыд æмæ-иу Л омайы сæры магъ- зы йæ алы хъуыды, йæ алы монц уысмæй-уысммæ ссыгъд, стæй та-иу ахуыссыд... Ссыгъд æмæ та-иу ахуыссыд рухсы тæпп йæ цæстыты... Æмбаргæ уыд Лома... Æмæ йын зын уыд мæлын... Куырой куыд æрривад вæййы, афтæ нæмыггай фесты йæ цар- ды бонтæ... Фæци ссинаг, фæци... ...Йæ галиу уоны бын срыст Гергайæн, цыма дзы кард ныс- сагъдæуыд, срыст æмæ уыцы иугъæдон рыстæй, здыйау ныу- уæззау зæрдæ, дæлæмæ æнцайы уæхсчытыл. Астæу сраст кæ- нын нал комы... Сыстын æй фæндыд, фæлæ йын цыма йе уæнгтæ сбастæуыд, йæхи нал фæрæзта. «Ай мыл цы фыд æрцыд?» - йæ бæрзæй каубыды ’рдæм азы- лын æмæ Ломамæ нымдзаст. Къамбецæн йæ тæнтæ мидæмæ баха- удтой æмæ уæрмгондæй аззадысты, фæрсчытæ хъилæй зындыс- ты æмæ ма сыл цы хъуыны муртæ аззад, уыдон барц слæууыдысты. «Æй, дæ мад амæла, Лома!», - зæрдæбынæй ныууынæргъыд- та Герга æмæ йæхиуыл сæнцад.
Астæукъæдзæй сындæггай бакъахдзæф кодта къамбецмæ, йæ разы йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ йын йæ сæрыл йæ арм æрхаста: «Чысыл-ма багæдзæ кодтаис, мæ иузæрдион хæлар, чысыл... Чизоны, искуыцæй фæзына, нæ цæстытæ кæмæ ныуурс сты, уыцы зараг лæппу... Афтæ иугæндзонæй куыд сисæм нæ къух алцæуыл!.. Æй, уæ- дæ, афтæ бæсты сæфт æрцыд æмæ мæ хæдзарæй зарæджы хъæр никуыуал айхъуысдзæн?» Иæ сæрыл уæззаугай схæцыд Герга, арвмæ скаст. Æвæджиа- уы рухсæй цъæх нæ, урс-урсидæй æрттывта уæларвон тыгъдад. Ацы æвæджиауы рухс ын йæ цæстытæ фæриссын кодта æмæ уæлтъыфылтæ сæхигъæдæй æрцъынд сты... Æмæ цыма дард, тынг дардæй дымгæ зарæджы нымæг зæл- тæ æрбаскъæфта. Герга тынгдæр æрцъынд кодта йæ цæстытæ, зæрдиагдæрæй айхъуыста æмæ хъустæ сæрибарæй ацахстой зонгæ хъæлæс: «Ой-ой, анцай, Лома, анцай, дæ низтæ...» Хосæй йедзаг уæрдон узгæ-узгæ цыд. Æфсондзы сæр бадт гом- риу, хурмæсыгъд, æлвæст лæппу æмæ зæллангхъæлæсæй зарыд: «Ой, Лома, мадæр хурæй тæрс, мадæр къæвдайæ...» Тынгæй-тынгдæр кодта зарæджы хъæр, нæрыд. Фæстагмæ цыма арв ныггуыр-гуыр ласта æмæ бæстæ сфæлдæхти. Ферт- тывта-иу арв æмæ та-иу фæталынг. Хъустæ бакъуырма сты зæр- дæуынгæггæнæг гуыр-гуырæй... Æрæгмæ ’рæмбæрста йæхи Герга... Йæ цæстæй ракаст. Бæстæ уыд сабыр, хур худгæ, зына-нæзына симдæй, йæ цыд кодта... Зæххыл цы тæригъæдтæ цыд, уыдоныл цыма йæ къух ауыгъ- та, цард æмæ мæлæт æфсымæртæ сты, зæгъгæ, æмæ Ломайы ’рдæм йæ сыгъзæринхуыз тын æнгузбæласы сыфтæрты ’хсæн ауагъта, баузæлыд удисæг къамбецыл. Цыма хуры тыны хъарм банкъардта Лома, базмæлын æй фæн- дъщ æви йæ цæстытæ байгом кæнын... Иу дæр дзы нал уыд йæ бон æмæ иннæ дæр... Зынтæй та сулæфыд æмæ та йæ раз срыг кодта. Уыдта Герга, куыд сусæгæй кодта мæлæт йæ куыст, куыд зынтæй састи цард. Æмæ йыл цыма уæлейæ цыдæр уæз æнцад - йæ сæр къамбецы сæрæрдæм сабыргай æркъул:
«Мæ бæсты мын мæ иунæг бындары фервæзын кодтаис уы- цы нæмгуыты ихуардæй, дæлæмæ æрхауай, цы Хуыцау дæ...»! Æрмæст йæхимæ фехъуыст йæ зæрдæйы судзгæ уынæргъын Гергайæн. тлсы Фъпмят <ус Райсомæй дæр бæрæг уыд, абон дæр та, знонау, хур бæстыл кæй атулдзæн. Уддзæф никæцæй цыд. Æнцъылд сыфтæртæ, курæггаг къабайау, ныззæбултæ сты сæнæфсиры, фæткъуыйы, алтъамийы цæнгтыл. Зæхх ныххус, ныскъуыдтæ. Уæлдæф дæр рыджы тæф кодта. Хæмпæлты нымбæхст цъысцъысаг æмæ удаистæй уасыд. Сæндоны кæрон, æнгузбæласы бын, кæрдæджы рæдзагъ- дыл бадт сылгоймаг - къæсхуыр, йæ рустæ мидæмæ бахаудтой. Зæронд, хуызивд четæн къабайæ йæ уæхсчыты стджытæ бæрæг дардтой. Иæ бæзджын дзыккуты быд йæ фæскъæбут стымбыл. Бадти ус æмæ йæ уæрджытыл æвæрд, кæрдæгæй цъæх- ахуырст, куыстæфхæрд къухтæм нымдзаст. Æваст æмбонды хъыррыстмæ фестъæлфыд, йæ цæстытæ фæтъæбæртт кодта. Нæ ракаст, афтæмæй йæ суыдта. Суыдта нæ, йæ буарæй банкъард- та, уый уыдаид... Куыддæр æрлæмæгъ, йæ астæу нал сфæрæзта, афтæ бадгæйæ баззад. Лæг комкоммæ бацыд æнгузы бынмæ. Уæлгоммæ æрхуыссыд аууоны æмæ йæ сæр усы уæрагыл æрæ- вæрдта. Йæ цæстытæ æрцъынд кодта, афтæмæй йæ бафарста: - Нæ дæ бауагътой донхæр кæнын, Натъаш? «Натъаш...» Цыма чысыл мырмырæг ныззæлланг кодта, цы- дæр базмæлыд зæрдæйы, ахъарм, адон æмæ æддæмæ ратагъд... Куыдта ус, æнæсымæй куыдта, цыма лæгæн райхъалæй тарст. Цæссыг гом цæстытæй мызт, уадултыл бырыд æмæ лæджы урс сæры хилы сæфт. Лæг усы къух систа, йæ риуыл æй æрæвæрдта æмæ йыл баузæлыд: - Дæхи ма хæр, æндæра дзы байуардзынæн... Байуардзынæн дзы... Нæ дæ уырны? - йæ цæсгоммæ йын скаст. Ус йæ сæр æнæразыйы тылд бакодта æмæ йын уымæй загъ- та: «Нал байуардзынæ... Тынг дæ куы фæнда, уæддæр дзы нал байуардзынæ...»
«Ома, цæмæннæ?», - йæхимæ рамæсты лæг. «Сывæллæттæ?..» «Йæхионы акæнæд, мæоны ныууадзæд!» «Нæ бакæндзæн...». «Нæ бакæндзæн... Куыдзы тугæй æхсад у... Ирвæзæн дзы нал и...», - басаст йæхицæн лæг. - Æй, æдзæсгæмттæ!.. Фидиссæгтæ!.. Ракæсут-ма, адæм, ракæ- сут, адонмæ!.. - хурбон, арвы нæрдау, айхъуыст уыцы æгуыппæ- джы Танæйы цъæхахст. Лæг фæбадæгау. Ус афтæ дурæй баззад. Йæ цæссыг цæс- тыхаутыл æрттывта... - Ракæсут-ма, адæм, ракæсут! Хæдзары сын нæ фаг кæны къуырриццытæ кæнынæн... Сæндæтты æмæ цæхæрадæтты дæр кæрæдзийы фæстæ хъеллау кæнынц! Сæндон донхæр кæнынмæ рацыдтæ нæ, уæртæ хус бæлас, и? Хуыскъ цыдæр! Кæд æнæ лæ- гæй уымæй хъауджыдæр дæ бон нæ уыд, уæд ма мæ тæригъæды цæмæн цыдтæ, цæмæн мын схæццæ кодтай мæ цард?! - хъæр кодта, сæ цурмæ, хъуызгæ æрбацæуæг тымбылтæ ус Танæ. Уым æввахс сæндæтты кусæг сылгоймæгтæ æмбонды сæрты иугай-дыгай сæ уачъитæ æрбайвæзтой, сæ кæлмæрзæнтыл сæ фæсхъустæм ахæцыдысты... - Банцай! Цы федтай ахæмæй, куыдз дын нывонд фæуа! - фе- стади лæг. - Цы, дам, федтай, адæм! Цы, дам, федтай! Æнæфсæрмæй ныд- дæргъ сты аууоны, æвзонг уарзæттау, баныхæстысты кæрæдзи- йыл æмæ, дам, цы федтай! Нал худинаг зонынц, нал - æфсæрм! - йæ дзыхыдзаг цъæхахст кодта Танæ, йæ къухтæ йæ лæпп-лæп- пгæнаг синтыл сæвæрдта, афтæмæй йæ донхуыз цæстытæй ты- фылтæ калдта. - Бахгæн дæ дзых дын, зæгъын! - размæ акъахдзæф кодта лæг. Æнгузбæласы бын бадæг сылгоймаг Натъа - Иласы фыццаг ус^- уæззаугай растад, лæджы змæст цæсгоммæ бакаст, уæззау- гай та батылдта йæ сæр, ома йæм дæ къух ма райс, æмæ хæдзар- мæ араст. Цыди... Иæ развæндаг нал æвзæрста. Къæхтæ йæ сæхæдæг хастой. Сæндонæй ахызт æмæ рыгæйдзаг фæндагыл ныллæууыд. Æвиппайды йын цыма йæ сæр исчи дзæккорæй ныххафта, уыйау йæ цæстытæ атарытæ сты, сæр разылд. Йæ риумæ февнæлдта...
Иу уысм, бæрцæй йыл иу уысм баталынг бæстæ, стæй раирд, сбон и... Лæууыд, йæ къух йæ риуыл... Йæ зæрдæйы гуыпп-гуып- мæ хъуыста. «Дæнг-дæнг!» «Дæнг-дæнг!», - йæхи къултыл хоста чысыл фы- ды мур, ахст цъиуау рафт-бафт кодта. «Куыд бакæнон, кæдæм фæцæуон?.. Уæлдай дæн æз.. Нал мын ис ам ныллæууæн... Ацæуон... Агарамæ ацæуон, заводмæ... Дунейы адæм уырдæм куы цæуынц...» - Тыхæй акъахдзæф кодта размæ. Хур нындæвта. Фæндагыл, ссадау ныббадт рыг, бур рыг. Рыг бадти фæндаджы былгæрæтты къутæртыл, кæрдæгыл, бæз- джын, бур рыг... Сæндоны сæм цы сылгоймæгтæ хъуыстой, уыдон æнæдзур- гæйæ аздæхтысты. Сæ кæлмæрзæнтæ рæстытæгæнгæ, сæ сæртæ тилгæ, донбыл аууоны æрбадтысты. - Е-е-е, мæгуыр дæ бон, Натъа, дæ бирæ фыдæбонæн дын æндæр аргъ ма скæнæд? - зæрдæсудзгæ загъта Мадо æмæ йæ къæхтæ доны нывæрдта. - Цæй æдзæсгом разынд уыцы дæлæмæдзыд, ничи йæм кæ- сы? Йæ удыхаимæ сныхас кæныны бар ын нал дæтты, искуы ма ахæм диссаг æрцыд? - йæ уæраг æртъæпп кодта Уæлгъа. - Илас дæр ницæмæн у, æндæра йын ахæм ми бакæнид, æмæ... Иу сывæллон сын ныййардта æмæ сæ сæрыл сбадти! - бы- лысчъилæй загъта абадгæ чызг Елиса. - Илас дæр куыд уынгæджы фæци!? Адæймагæн зæрдæйы хъустæ куынæ уа, уæд ын цыфæнды дзур, - æрхæндæгæй та ба- кодта Мадо. - Цы уынгæджы йæ сæр фæци, цæй дыккаг ус æй хъуыд, - йæхи нал басаста Елиса, - æнæзæнæгæй Иласы йеддæмæ ничи базæронд. Науæд æд лæппынтæ хъæды бирæгъы куынæ ра- куырдтаид, уæд сылгоймаг нал ис а бæстыл?! - Амонд, амонд, мæ хур, æндæра... Ды кæмæй æвзæрдæр дæ, дæ цахъхъæнтæ лæг æмæ сывæллæтты хицæуттæ сты... - фæцæт- тæ Уæлгъа. - Амонд у, ед у... Нæлгоймагæн йæ хъуыддаг йæхицæй кæнгæ у, - йæ хъæлæс фæфæлмæндæр Елисайæн. - Цæстытæ йыл нæ уыди, Къуары фаллаг фарсмæ куынæ ахаудаид, уæд дзы нæхимæ иу ахæм нал уыд, йæ цард ын чи нæ сызмæстаид?.. - Натъа у мæгуыр, тæригъæд... Уæлхъæдæй бахус...
- Æгомыг у æмæ уый зæгъай^ - нал та фæлæууыд Елиса. - Æхсины бынаты йæ сæвæрдта... Йæ хæдзары йæ «оммены» бар дæр нал ис... - Натъа æндæр ус у... Адæмæн дзырддаг нæ фæкæндзæн йæ хæдзар... - Дзырддаг уæд фæци йæ хæдзар æмæ йæ сæр дæр, йæ лæгæн дыккаг ус куы ’рхаста. - Е-е-е... Ды цы ’мбарыс, чызгай, алцы æнцонæй кæрдыс æмæ хуыйыс, - хъуыдытæгæнгæ райдыдта Мадо, - Натъайы зæрдæйы хабæрттæй мæн бафæрс... Уыцы ми дæр Иласы уарзондзинадæй бакодта... Ды нæ зоныс Натъайы... Хæсты заманы нæлгоймæгтæ дæр зынтæй цыдысты балцы, Натъа та алы мæй æд уæззау хордзентæ Ахалкалакмæ цыди... Иухатт æз дæр ацыдтæн йемæ, махон дæр Иласимæ уыд, æмæ мæрдтыл фæцæйæфтыдтæн. Нæ лæг дæр хылæй диссаг фæци, дæ къах равæргæ, дам, дæ куыднæ- уал фенон. Натъа та йæхион нæ уагъта, фæкæс æмæ та мæм фæ- хæрзæггурæггаг: «пропуск» та мæ къухы бафтыд, цæуын, дам... Уазæлттæ дзы бацыд, мæгуыр, æмæ йын сывæллон нал рацыд. Йæ иунæг чызг та æртæаздзыдæй фæзиан. Æнæбындар, дам, куыд ныууадзон Иласы æмæ йын ус æркодта. Ус та цы гауыр разынд, уый уæхæдæг уынут. Уыцы рæуæгсæрæн Натъайы зæрдæмæ ныккæсын йæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы æрцæудзæн. Цæуыл сæрра и, цы йæ сæрыл бæстæ систа? Адæймаг та ахæмтæ куыд хъуамæ бахæсса йæ сæрмæ? Сæ кæрæдзимæ сныхас кæнын сæ нал уадзы, сæ фæстæ бафты. Æппын дзы цæсгом нал хъæуы? - йæ хуылыдз къæхтæ раздарæнæй асæрфта Мадо, йæ дзабыртæ скодта æмæ сыстад. Иннæтæ дæр сыстадысты æмæ сæ алчи йæ сæндонмæ сæр- гуыбырæй баздæхт. Сæргуыбырæй цыд Натъа дæр рыгæйдзаг фæндагыл. Йæ алы къахдзæфы фæстæ-иу рыг, бур фæздæгау, сыстад. Хæдзармæ куы баввахс, уæд сыгъды тæф фæхатыд. Кæртæй бакъахдзæф кодта. Адæймаджы уынæр никæцæй цыд. «Мæ фæстæ куы ныййарц, уæд сывæллоны кæмæн ныууагъта?» - йæ сæры февзæрд æмæ фæллад цæстæнгас ахаста йæ алфæмблай. Цæрæн хæдзары дуар æхгæд уыд. Хæдзары фарсыл цы хæринагаразæн хатæн бакъул, уымæ бакаст æмæ, чысыл ма бахъæуа, йæ уæрджытæ йæ быны
фæцудой - хус хъуаритæ, цырæгътау, сыгъдысты, арты æвзæг- тæ, расгуытау, ратас-батас кодтой хурмæ. - Нуг-за-аар! - йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта Натъа æмæ хæдзармæ атындзыдта. Фыдсыл Тана йемæ цы лæппуйы æрхаста, уыцы чысыл Нуг- зар авдæн къулмæ æввахс баласта, йæ фарсмæ йын бандæттæ рарæгъ-рæгъ кодта, цæмæй авдæн ма рафæлдæхтаид, йæхæдæг хъазынмæ ахъуызыд. Натъа бандæттæ йæ къахæй иуырдæм асхуыста æмæ авдæн- мæ фæлæбурдта. Хатæн фæздæг æмæ тæвдæй байдзаг. Къæсæр- мæ куыддæр баввахс æд авдæн Натъа, афтæ судзгæ цар æркалд. Рагъхъæд усы фæсонтыл æрхауд æмæ авдæныл ныддæлгом. - Оу, исчи ма!.. - ныббогъ кодта ус æмæ йæ тых, йæ бонæй авдæны размæ ассыдта. Арт сирвæзт йæ дзаумæттыл. Сыгъдысты йæ фæсонтæ, йæ къæхтæ. Фыррыстæй йæ цæстытæ тарытæ кодтой. Сывæллон райхъал æмæ цъæхахст систа. Йæ кæуынæй усы зæрдæ фæцæйтыдта: «Ай куы фервæзын кæнин... Мæхи сæр - дæлзæхх, æрмæст ма ай куы фервæзид». Рагъхъæды бынæй йæхи суæгъд кæныныл ацархайдта иу хатт, дыккаг хатт. Нæй, нæ баци йæ бон уыцы судзгæ уæзы бынæй йæхи рато- нын. Ноджы дæр йæ тыхтæ бафæлвæрдта, асхуыста размæ ав- дæн æмæ йæ цæстытæ атарытæ сты. Арт йæхион кодта. Сау фæздæг цæджындзтæ арæзта арвмæ. Натъа ницыуал бамбæрста, куыд æрæмбырд сты адæм, куыд ахуыссын кодтой арт... Ницыуал... Æппындæр ницыуал... Кæрты бæласы аууонмæ рахастой Натъайьл уæфт хъисын-иу кæуыл уыд æмбæрзт, уыцы хъæдын сынтæг. Йæ уæлæ йын урс æмбæрзæны тыхтæй æрæвæрдтой Натъайы... Кæрты гом дуары цур æрхæндæгæй лæууыдысты сыхы нæл- гоймæгтæ, сæ сæртæ сæ риутыл æрæппæрстой... Илас дæр уым лæууыд... Лæууыд æмæ сынтæгмæ каст. Сыл- гоймаджы уæхсчы цур æмбæрзæнæй туг рахъардта æмæ стыр тæппæй зынд. Илас уыцы тæпмæ каст æмæ уыдта, бæрзонд, рæхснæг чызг куыд рацæйцыд мæнæуы хуымы астæуты, цыма лёнк кодта. Сæрыл дидинджыты быд, йæ къухы дæр урс дидин-
джыты баст... Рацæйцыд Иласы ’рдæм, симгæ цыдæй æмæ худ- ти... Урс, митау урс дæндæгтæ æрттывтой... Йæ цæстытыл уайгæ ныв афтæ ирд æмæ райдзаст уыд, афтæ, æмæ Илас адæргæй йæ цæстытæ бацъынд кодта, арф ныууынæргъыдта... %УЪ1Ф0ШЖС 91ГОТЯ Рагон хæлæрттæ - зыхъхъырдæндаг Дата æмæ куыройгæс Тога Датайы кæрты æнгузбæласы бын бадтысты. Сæ разы æр- тæкъахыг фынгыл - дзул, цыхт, памидоры цæхджынтæ æмæ цъæхыг. Фысымæн йæ фарсмæ чысыл былкъахыр дурыны - арахъхъ. Фæйнæ сыкъайы-иу банызтой æмæ сахаты бæрц та дзургæ кодтой. Кæдæмытæм нæ ахæццæ сты, кæй кой ма нæ ра- кодтой - зонгæйæ-æнæзонгæйæ, алкæуыл фаутæ ’вæрдтой æмæ зæрдиагæй худтысты. Фылдæр Дата дзырдта - йæ худæджы ныхæстæн-иу кæрон нæ уыд æмæ йæ зыхъхъырдæндаг дæр уымæн хуыдтой. Куыройгæс бирæ уарзта йе ’мгары - иумæ схъомыл сты, иумæ зæронд кодтой æмæ сæ кæрæдзийы хъыг никуы райстой. Куыдфæстагмæ йыл куыройгæс æрхъæцмæ дæр нал хъæцыд - йæ цин дæр, йæ хъыг дæр фыццаг Датайæн хъуамæ загътаид. Йе ’взæр зæрдæйыл-иу куы уыд, уæд-иу ’хсæв уыдаид æви бон, уымæ нæ каст, йæ уæлхъус хъуамæ фестадаид. Уый дæр дзы никуы фæлмæцыд, йæ цæст-иу æм фæныкъуылдта мидбылхудгæ. Уыцы изæр дæр та сындæг æрбахызт кæртмæ. - Цы та кодтай, лæппу? - Ницы... Афтæ... - Цы афтæ, рагæй мæ нал федтай? - Дæу райсом дæр федтон, фæлæ уыцы лæппу ныр дыккаг мæй йæ къах нал æрбавæрдта... - æрхæндæгæй бакодта Тога. - Æмæ цы кæуинаг дæ сæр фæци, исты цух куы уаид, уæд куыд æнхъæл дæ, æмæхсæвæджы дæр не ’рбасхъиуид. Цæуылты нæ бамæт кæныс? - йæ зæрдæ йын бадзæбæх кодта Дата. - Цæуыл мæт кæнын, цæ, мæ мæт сæ кæй нæй, ууыл... - Ныр дæ бонтæ æдзух мастимæ тон. Цыма халонау æртæ сæ- дæ азы фæцæрдзынæ!
- Дæуæн цы у, мæ хур, цæуыл маст кæнай, Хуыцау дын сæ дзæбæхæй уадзæд, дæ бинонтæ - дæ уæлхъус... Каудуарæй сылгоймаг хæдæфсæрм хъæлæсæй æрбадзырдта: - Тебро! Дата фестад: - Мидæмæ рахиз, Мария. Тебро знон горæтмæ ацыд, чызджы, дам, абæрæг кæнон, - йæ размæ акъахдзæф кодта Дата. - Исты дæ хъуыд, мыййаг? - Ахæмæй - ницы... Бахатыр кæнут, - загъта сылгоймаг нымд- гæнгæ æмæ фæстæмæ аздæхт. Дата йæ фæстæ акаст уыцы зæрдæмæдзæугæ сылгоймагæн, стæй Тогамæ фæзылд æмæ йын худгæ афтæ: - Мæ хъуырмæ мæ куы скодтай дæ ницы-мацы мæстæгтæй, уæд ацы зæды хуызæн сылгоймаг та ма цы зæгъа? Тога йæм фæрсæджы цæстæй скаст. Дата йæ бынаты æрбадт, йæ былтæ йæ хæлары хъусыл авæрдта æмæ йын цыдæр ныл- лæг хъæлæсæй адзырдта, цыма уымæй тарст, мачи йæ фехъуса, афтæмæй та кæрты сæхи йеддæмæ змæлæг нæ зынд. Тогайæн арахъхъы сыкъа йæ къухы, афтæмæй йæм хъуыста, цымыдисæй йæм хъуыста æмæ фырдисæй йæ цæстытæ астыр- тæ сты. Стæй уыцыиу хæлиу фæкодта йæ дзых æмæ худынмæ фæкъæртт. Худти, афтæ зæрдиагæй худти æмæ йæ уæрджытыл æвæрд хытъын лæф-лæф кодта, сыкъа дæр къухы зыр-зыр кодта æмæ арахъхъ кафгæ гуыбыныл тагъди. - Худæгæй мæ амардтай, æнæхуыцау цыдæр... - хырхыргæнгæ сфæрæзта фæстагмæ Тога. - Худ, худ! Уыцы хъуарийы хуызæн хус Аминæт дæ разæй дыууæ лæджы батыдта. Уый бæсты амæн балæггад кодтаис. - Уæдæ Къола фæндыр цæгъды, зæгъыс? Фæндырыл зары йæ зæрдæйы мæстытæ? - афарста Тога Датайы æмæ фырхудæгæй йæ цæссыгтæ æркалдысты, йæ нарст цæсгом сырх-сырхидæй æрттывта. - Дæ зонд бахæр! Къолайы та цы заринаг и, кæцы ансамблы артист мын басгуыхт и! Марияйæ дын зæгъын: æхсæв, дам, зæр- дæсудзгæ зарджытæ фæкæны йæ уаты. - Зæрдæсыгъдæй фыддæр куы фæци, мæгуырæг... Лæгмæ бакæс - зæгъдзынæ, арсы абырсдзæн, æмæ... Ныр та хуыфæг ацахста Тогайæн йæ хурх, йæ цæстытæ тымбыл къухæй асæрфта.
- Баназ, дæ хурхы сæртæ дын асыгъдæг кæндзæн, - батæ- ригъæд ын кодта Дата. Тога сыкъамæ æркаст, цы ма дзы аззад, уый иу схæстæн аныз- та. Цъæхыджы сыф стыхта, цæххы йæ атылдта æмæ йæ акомдзаг кодта. Зæрдиагæй æууылдта æмæ йæм куыддæр нал хъардтой йæ хæлары хынджылæг ныхæстæ. Дзулæй иу комдзаг расаста æмæ Дата ног худæг хабар куыддæр райдыдта, афтæ йын Тога йæ ныхас фескъуыдта: - Фæуæм, куыроймæ бакæсон. - Æрбад, Аминæт йæ рæстæг зоны, - фелхыскъ та йæ кодта Дата. - Дæу дæр бауырнынц адæмы сæлхæр дам-думтæ! - фæхъыг Тога. - Æркæн, бæркадæн акувон, - сыстад фынгæй æмæ йæм сыкъа бадардта. Фысым фембæрста, кæй йæ фæхъыг кодта æмæ æнæдзур- гæйæ байдзаг кодта сыкъа. - Йæ, уыцы дурыны бын макуы ссур уæд, ацы фынг цыхт æмæ кæрдзынæй макуы рафидийæнт. Хуыцау æмæ Уастырджыйæ фæдзæхст уæд ацы хæдзар! - быннозт акодта сыкъа, йæ худ йæ сæрыл æрсагъта æмæ фæцæуæг. Дата йæ каудуары онг ахизын кодта æмæ ма иу хатт афæлвæрдта, цæмæй йæ хæлары ахæм зæрдæйы уагимæ ма ауагътаид: - Цы дæ дæ хæйрæджытæ сæрра кæнынц хаттæй-хатт, цы дын загътон ахæмæй... - Хæрзизæр рау, - загъта йын дзуаппы бæсты Тога æмæ уæз- заугай ахызт уынгмæ, куыройы ’рдæм фæндагыл ныллæууыд. Ног мæй хъусцæгау æрцауындзæг урс мигъы пирæнгомыл æмæ гæзæмæ рухс дардта. Иукъахвæндаг мæйы лæмæгъ рухс- мæ зынд, цыма чысыл къада дон узгæ-узгæ фæцæйхъуызыд. Тога дæр йæ фæстæ цыд узгæ-узгæ. Цыди æмæ йæхæдæг дæр не ’мбæрста - цæмæн афтæ æнæнхъæлæджы фæивта йæ зæрдæйы уаг. Иæ^хæлармæ уымæн куы ’рбацыд, мæхи, дам, аирхæфсон, мæ зæрдæйы мæстытæ, дам, айрох уой... Æмæ, раст зæгъгæйæ, худгæ дæр бирæ куы фæкодтой, уæдæ æвзæрæи дæр ницы æрцыд... Цæмæн ма æрбайсæфт йæ хорз зæрдæиы уаг?.. Афтæ, хъуыдыгæнгæ, цыд æмæ зонгæ дæр нæ бакодта, куы- роймæ куыд бахæццæ. Куыройы дуары дæгъæл æдзух йæ роныл
баст уыд лыстæг рæхысæй. Систа дæгъæл æмæ, гуыдыримæ архайгæйæ, йæ зæрдыл æрбалæууыд, Дата йæ куыд мæстæй мардта: «Уæд мын дæ сæр ма амæла, уыцы згæ дæгъæл æлдары сыгъзæринрæхысджын сахатау дæ уæлæ бастæй куынæ хæссай, кæд дæм афтид куыроймæ Хъуды абырджытæ нæ хъавынц...». «Æдылы къоппа, дæгъæл мæ искуы куы ферохуа,уæд сыгъзæрин у, цы у, æнхъæлмæ кæс де ссинагмæ». Дуар бакодта, бахызт æмæ рухс ссыгъта. Къутумæ ныккаст, хæрз цъус ма дзы уыд ссинаг. Голлаг æрбайста æмæ ссад сæвгæд- та, йæ ком ын бабаста æмæ ног ссинаджы голлаг æрбаввахс кодта. Афтæ, цайдагъмæ гæсгæ арæзтой къухтæ сæ хъуыддаг. Йæ митæ бабæстон кодта, фæйнæг тæрхæгмæ бацыд, йæ худ къулыл æрцауыгъта æмæ æрбадт. Йæ къухтæ йæ роцъомæ быцæу радта æмæ та хъуыдыты аныгъуылд. Арæх зыдта афтæ Тога. Бадтис-иу æхсæвыгæтты иунæгæй æмæ йæ хъуыдыты хыз быдта, цалынмæ-иу æй хуыссæг не ’рцах- ста. Йе ’мкъай фондз азы размæ амард. Чызг æмæ йын лæппу баз- зад, фæлæ сæ сæ фыды цур иу дæр нæ уыд - чызг чындзы фæцыд, дыууæ фаззон хъæбулы дæр ын уыд; лæппу дæр горæты ахуыр кодта, йæ хомæ цард æмæ-иу кæд мæй иу хатт фæзындаид, уæд хорз. Ахаста-иу æхца, хæлц æмæ-иу ацыд. Фыд та афтæ иунæгæй æрвыста йæ зæры бонтæ. Бонæй йын ницы уыд, куыроймæ цæуæг уыдис - чи йæ хор хаста ссынмæ, чи та-иу афтæ æрбауад ныхасмæ. Фæлæ æхсæв æрмæст йæ сагъæстæ уыдысты йе ’мбал. Хатт хъæрæй дæр быцæу кодта йæ сагъæстимæ, быцæу кодта семæ, куыд удæгас адæймагимæ, афтæ. - Цы хуызæн мæстаг нæ ратдзæн Хуыцау лæгæн. Цал æмæ цал тæригъæды ис зæххыл... Кæс-ма, Къолайы царды митæм: ай цы æнамонддзинад схай кодта йе скæнæг ацы адæймагæн?! Ау, цы- нæ фехъусдзæн лæг, куы цæра, уæд! Зæнæг сын нæй æмæ, цы код- та, никуы ницы æрцыд? Иу æмæ дыууæ ис ахæм бинонтæ, зæнæг кæмæн нæ рацыд, диссагæй уым ницы ис, мин аххосаг ис уыцы хъуыддагæн, фæлæ дзы æз айхуызæн мæ царды никуы фехъуы- стон. Къола лæппуйæ махæй бирæ цæстыахадгæдæр уыд, ууыл дзырд нæй. Хуызæй, æгъдауæй, лæджыхъæдæй, фау æрхæссæн æм нæ уыд. Имеретæй рæсугъд Марияйы куы æрхаста йæхицæн,
уæд сæм хъæу тæхуды кодтой - ахæм фæрæты хъæдæй барст ус æмæ, дам, лæг никуыма федтам. Сæ дыууæ дæр - бæрзонд, рæсугъд, хæрзконд. Цæрынц адджынæй, æгъдауджынæй, сæ хæдзарæй хъæлæба никуы райхъуыст. Чи ахъуыды кæндзæн æмæ афтæ хъизæмайраг цард кæнынц?.. Куыд стыр зæрдæйы хи- цау у ацы сылгоймаг, куыд никуы ахызт йæ намысы сæрты?.. Мæхи Даро дæр-иу арæх æппæлыд Марияйæ, зæнæг, дам, ын нæ цæуы, фæлæ сыгъдæг зæды хай у, йæ сæрыхицау, дам, уый тæригъæды куы бацæуа, уæд ын æй Хуыцау куыд хъуамæ ныбба- ра! Цæй тæригъæды кой кæныс - Къола алы бон мыдадзын цы- рагъ хъуамæ судзид æмæ Хуыцаумæ кувид, ахæм зондджын æмæ йæ намысджын æмкъай кæй фæци. Æнæуый, раст зæгъын хъæуы, зылдцухæй нæ цæуы ус. Бы- дырмæйы куыстмæ дæр æй никуы ауадзы, йæхæдæг дыууæйы бæсты фæкусы... Æмæ куыройгæсы цæсты раз цыма мигъы хуылфæй раленк кодта Марияйы æндæрг - бæрзонд, рæхснæг, урсцъар - йæ са- бæлутхуыз даргъ дзыккуйы быд йæ сæрыл дыууæ тыхтæй хæрдгæбыд худау фидыдтой. Тога усы цæсгоммæ нымдзаст æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма уыцы сау цæстытæ æгæрон сагъæсæй се ’мыдзаг уыдысты æмæ æххуысгуры каст кодтой нæлгоймагмæ... Лæгыл цыма тæвд дон рауагътой, афтæ фестъæлфыд. Йæ сæрыл схæцыд, æндæрг фæтары, фæлæ уыцы сагъæссаг дыууæ цæс- ты - дыууæ тыбартыбургæнæг сау тæппы куыройдзауы раз куы ферттывтой, куы та-иу ахуыссыдысты. «Ау, цы хъуыды не ’рцæудзæн адæймагæн йæ сæрмæ! Ныр цы мæ хъуыддаг у искæй усы хабар? Мæхи мæгуыр Даро кæмæй къаддæр сылгоймаг уыд? Хæдзары уæззау куыстытæ йæ ба- домдтой æмæ йын йæ хуыз, йæ тых бахордтой, æндæра... Уый цы фæрæзта, уый мæнæн цас барста ме ’нæсæрфат миты тыххæй, афтæ никæцы ус ныббарстаид. Цыфæнды мæстыйæ дæр мæ йæ цæст æлгъитын нæ уарзта: «Уыцы нуæзт, дам, ды рафидийын кæндзынæ, мæ тæригъæд дын баззайа, дæхи дзы цы марыс, æндæр куыст дын ницыуал ис, гормон...». «Ныббар мын, мæхи мæгуыр Дарухан, ныббар. Лæг æдылы куыд нæу: йæ къухы цы ис, уымæн аргъ никуы фæзоны, цалынмæ йæ фесафа, уæдмæ. Стæй ма цафон фæсмон у... Раджы дæр æй хорз æмбæрстон, мæ хæдзары рæбинаг цæджындз кæй уыдтæ - æнæ мæн дæр-иу
алцы дæ фæрцы йæ раны уыд. Ныр ма цы... Цы ма у мæ цард; иунæгæй - цыппар къулы ’хсæн... Нæ, аххосджын дæн дæ разы, йæ рæстæгыл дын нæ базыдтон аргъ кæнын. Фæлæ цæмæй хæйрæг уыдтæн, афтæ æнæнхъæлæджы ахицæн уыдаис рухс дунейæ, афтæ æнæдзырдыбонæй ацыдаис...». Дароимæ ныхас кодта, йæ мард удыхаимæ. Афтæ ныхас код- та, цыма йæ фарсмæ бадти æмæ йын йæ мæгуыры кæйттæ код- та - иунæгæй, дам, мæ ныууагътай, чи мæ ныхса, мæ размæ мын къæбæр чи æрхæсса, мæ ныхас кæмæн зæгъон, уый мын нæй. «Æхгæддуар хæдзармæ мæ мæ къах дæр нал хæссы - ды мын куынæуал рауайдзынæ мæ размæ, дæ зæронд дзабыртæ тъæпп- тъæппгæнгæ, мыййаг...» Æмæ та Мария йæ цæсты раз слæууыд. «Тынг рæсугъд ус у Мария, горæттаг хуыз ын ис. Алы хатт сыгъдæг, итувæрд дзаумæтты, къахæй-къухмæ зæрдæмæдзæу- гæ арæзтæй цæуы. Нæ, уæдæ йæ файнуст, пыхцылсæр Этер, йæ зæвæттæ хъуамæ зыной йе скъуыдтæ цъындатæй, афтæмæй иууыл искæуыл худа. Мария никæй æвзæры кой ракæндзæн, никуыдæр дзы хъæрæй ныхас исчи фехъусдзæн. Нæй, Мария иннæты хуызæн нæу», - æмæ та йæ зæрдыл æрбалæууыд, Дата йын цы сусæгдзинад раргом кодта, уый, æмæ дуармæ рахызт. Мæй йæхи бамбæхста, фæлæ талынг нæ уыд. Арв уыд ирд, стъалытæй йемыдзаг æмæ зындысты æмырæй лæугæ бæлæстæ, хæдзæрттæ. Цæугæдон, хъуырхъуыргæнгæ, згъордта. Тога арацу-бацу кодта куыройы раз, æнæхъола хъуыдытæ йæ уæгъд нæ уагътой æмæ цасфылдæр архайдта йæхи сæ ссæри- бар кодтаид, уыйас æй фылдæр сæ уæлныхты истой. Фæстæмæ куыроймæ баздæхт æмæ йæ сынтæгыл æрхуыссыд. СЪ1ЛТОМ9Л.№>ЖЬ1 ХЪЫСЖÆМ - Митикъойæн мæрдты бæхæй фæцу, кæд куыд æнæарæхст дæ, уæд! Тыхæй дарддæр ма дзы зонд дæр кæй хъæуы, уый фе- рох де сфæлдисæджы, мæ тæригъæд та йын зæгъон! - сылгой- маг йæ рахиз къухæй сугтæ уидзы, йæ галиу прягыл сæ амайы, афтæмæй уайдзæфтæ кæны, сугтæ чи сæтты, уымæн. Цъæхдзæст, чызгау рæсугъд, рæхснæг лæппу та зæрдиагæй худы æмæ йæ фæрсы:
- Дади, чи уыди Митикъо, иууыл мæ уымæн куы фæлдисыс? - Цæмæй зонын, чи уыди! Æвæццæгæн, иу дæ хуызæн ницæйаг лæг уыд æмæ адæмæн фидиссагæй баззад! Дæ размæ кæс, куы- дзы хуызæн æмæ хæрæджы хуызæн, кæрт æхсныфæй урс адард- та! Сугтæ куыд ныссæттай, уый дæр ма хъуамæ зонай? - Уæдта мын уый куы бамбарын кæнис, Дади: кæд куыдзы хуызæн дæн, уæд ма хæрæджы хуызæн чердæм дæн? - фыр- худæгæй йæ цæссыг згъæлы. - Афтæ! Хæрæджы тых дæм ис, зонд - нæй. Куыдзау та иуда- дзыг рæйгæ кæныс... - Уæу! - æвиппайды фæцыд лæппуйы хъыллист, фæрæт зæх- мæ аппæрста æмæ йæ ныхмæ фæлæбурдта. - Циу, цы дæм рауад? - йæ астæу сраст кодта ус æмæ, лæппу- йы цæсгомыл туг куы ауыдта, уæд сугтæ йæ цонгæй æргæр-гæр кодтой, йæ дыууæ къухæй йæ уæрджытыл балæууыд: - Æ, Хуыцау мæ куыд федта! Циу уый, дæ сæрыл хаст фæуон, фæрæт дыл сæмбæлди? Лæппу йæ рахиз къухæй йæ ныхыл хæцы, фындзы рагъыл та туг æрфæд кодта. - Цæй фæрæт! Ма тæрс, цавæр дæ! Уый бæсты Чындзомæ ба- дзур æмæ бинт рахæсса, бабæтта мын æй, суджы схъис мæ ныхы ныссагъди. - Дæ цæстытæ кæд ницы кодтой, цард дын феста Дади! - Нæйы дын, зæгъын, - загъта æмæ йæхæдæг фæхъæр кодта: - Уæ, Чындзо! Ракæс-ма дуармæ! Хъæрмæ къæбицæй æвзонг сылгоймаг рахызти: - Цы кодтай, Алёш, цæмæн мæм дзурыс? - Цыфыддæр знаджы къона фæци! Рахæсс-ма исты æмæ ацы æррайæн йæ туг исчердæм бауром, - лæппуйы бæсты тыхст хъæлæсæй фæраздæр ус æмæ та уайдзæфтыл схæцыд: - Иууыл дын уый дзурын: цъусгай, арæхстгай; нæй, ницы дæм бахъардзæн, цасфæнды дæ фæдзæхсон, уæддæр... Тынг дын рис- сы, æрра цыдæр? Лæппу йын хъуыста йæ æнæхин уайдзæфтæм æмæ йæм æппындæр хъыг нæ кастысты. Уый нæ, фæлæ ма йæ зæрдæйыл цыма цыдæр х-ьяпМ уылæн раивылд, йе уæнгтæ йын батавта æмæ ныхы рыст дæр цыма æрбайсæфт. Уæдмæ Чындзо дæр бинт, бæмбæг æмæ дыууæуагъд арахъ- хъы авг рахаста:
- Алæ-ма, къæбæда, цы та разнаггад кодтай дæхицæн. Æрис дæ къух, фенон дын дæ ных, - йæ къух ын æрисын кодта æмæ йын арахъхъæй хуылыдз бæмбæгæй йæ тугтæ ныссæрфта. - Уæу, уæу! Куыд тынг мын сдудыдта! - Бабыхс, бабыхс иучысыл. Мæнæ дын дзы цæйас схъис ныф- фидар! - арæхстгай йæм бавнæлдта æмæ йын æй сласта. Стæй хъæдгомыл арахъхъæйдзаг бæмбæг сæвæрдта æмæ бинтæй стыхта ных къæбутмæ. - Цом ныр хæдзармæ, - загъта йын Чын- дзо, - сынтæгыл æрхуысс, цæмæй туг йæ цыдæй фенцайа. - Куынæ мæ схуыссын кæнат! Цы нæ ’рымысдзыстут! - нæ куымдта лæппу, фæлæ йæ ныхы баст æвиппайды тугæй куы ахуылыдз, уæд, бар-æнæбары, зивæггæнгæ, бацыд уатмæ. Дади дæр йемæ бахызт, йæ разы ныллæг æртыкъахыг бандоныл æр- бадт æмæ, дзургæ ницыуал скодта, фæлæ йæ цæсгомыл зынди йæ тыхстдзинад. Лæппу уæлгоммæ хуыссыд, йæ рахиз къух зæхмæ æрзæбул. Дади систа лæппуйы къух, йæ уæрджытыл æй æрæвæрдта æмæ йыл йæ дæрзæг, куыстæфхæрд æнгуылдзтæ æрхаста. «Тыхы хос дын феста мæ сæр, кæуылты астыртæ сты дæ къухтæ, дæ къæхтыл та дæ фыды дзабыртæ дæр нал цæуынц. Хатт мæ цæстытыл нал феууæндын - ай уыцы чысыл мур, бæгъбæгъгæнаг саби у, мæ раздарæны фæччитыл-иу чи ныззезелæг: «Сис мæ, Дади, сис мæ дæ хъæбысмæ...» - акъахдзæф кæнын мæ куынал уагъта. Мæхи- он-иу æм куыд тæригъæды каст кодта, афтæ чысылæй æнæ мад кæй баззади, уый тыххæй. Æниу сæ цы уæлдай уыд - сæ иу дзы йæ ныййарæг мады цæсгом нæ зыдта, иннæ та - йæ фыды, сæ дыууæ дæр сæ райгуырды агъоммæ сидзæртæй баззадысты...» Æмæ раудæгас сты усæн йæ царды ивгъуыд бонтæ. Адæймагыл азтæ куы ацæуынц, уæд йæ тых, йæ хъару дæр къаддæр кæнынц æмæ арæхдæр фæмысы йæ рагбонтæ, цы фед- та хорзæй дæр æмæ фыдæй дæр. Æмæ, æвæццæгæн, царды цас фылдæр фыдæбæттæ баййафы, уыйас цард зынаргъдæр, ад- джындæр фæкæсы лæгмæ. Æниу, цард иууылдæр фыдæбон у, адæймаг æй йæхæдæг куынæ рæсугъд кæнид, уыцы чысыл цинтæ æмæ хъæлдзæгдзинæдтæй, йæхæдæг куынæ мысид йæ- хицæн, зæрдæ цæуыл фæлæууа, ахæм хъуыддæгтæ, æмæ йын куы бантысы исты саразын, уæд нымайы - уæгъды нæ тонын бонтæ, кæйдæр хъæуы мæ фыдæбон, мæ куыст. Уæд цæрын дæр хъæуы.
Æмæ цæрæм кæрæдзийæн, нæ кæрæдзийы тыххæй. Фæлæ уæддæр диссаг у, куыд тагъд цæуы рæстæг, мæй нæма ралæууы, афтæ фæци, ног аз нырма мæнæ еныр уыд, æмæ кæуылты агæпп кодта аз, нæ йæ базондзынæ. Æнусы æрдæг рацыд, усæн та, зно- нау, йæ цæстыты раз лæууынц ивгъуыды цаутæ, ирдæй сæ уыны: «Мæ куыдз фæлдыст зæронд рымысæгæн, æнæмæнг маймулийы хуызæнæй хъуамæ барвита адæймаджы мæрдтæм. Цы йæ цæрын кæныс, уый йæ бауадз йæ уагыл, стæй йæ акæн, чи дæ разы балæудзæн? Ай циу, кæсæнæй дæм чи кæсы, уый мауал базон...» Кæддæр та, йе ’взонджы бонты, куыд тынг уарзта кæсæн - сау- сауид æрттиваг цæстытæ-иу æм хинæйдзаг каст кодтой æмæ царды цинæй æнæхъæн буар йæхимид тæлфыд, зæрдæ æхцон тыррык-тыррык кодта æмæ æддæмæ, æддæмæ, æрдзы райдзаст хъæбысмæ тырныдта... Уыцы хатт дæр афтæ райдзаст бон уыд. Йæ даргъ, фадхъулты онг сау дзыккутæ дыууæ быдæй йæ фæсонтыл хъазынц, афтæ- мæй райста доны къæрта æд хъæдын къус æмæ хъæдгæрон, тулдзы къохы рæбын суадонмæ фæцæуæг - уазал дон æрбас- къæфыны ’фсон. Æниу, дон чысыл раздæр йæ хистæр чындз æрбахаста, фæлæ афтæ, æддæмæ йыл хæцыд цыдæр, йæ зæрдæ риуы бын бынат нал ардта. Цы уыд, цы йыл æрцыд, йæхæдæг дæр æй не ’мбæрста. Ахызт хъæуæй æмæ, фæстæмæ куы фæкаст, уæд æм афтæ рæсугъд фæзынд йæ хъæу, - цинæй айдзаг йæ зæрдæ: хæхтæ - чи бæрзонд фæцыд, чи - ныллæгдæр, цыма хъæу сæ хъæбысы ныттыхтой, хæдзæрттæ дæр цыма кæрæдзимæ æв- вахс байстой сæхи. Чысыл фалдæр хъæд райдыдта, тæнæггомау, цыма йæ барæй бахсæстой: бæлæстæ кæрæдзимæ дæрддзæф лæууыдысты, сæ бын дæр сыгъдæг. Зыны йыл, раздæр ам дæр тар хъæд уыди, стæй хъæубæстæ суг æввахсæй ластой æмæ хъæд мидæгау дæр байста йæхи. Фæстагмæ, æгæр куы ныббыгъдæг, уæд адæмæн сæхи зæрдæмæ дæр нал фæцыд, æмæ бадзырдтой, цæмæй суг цъус дарддæрæй ластаиккой. Æмæ «тæнæг хъæд» ныр хъæуы цæрджытæн сæ фæллад уадзæн бынат сси, сæ фос дæр-иу ам ривæд кодтой. Уымæйдæр, кæддæр хъæды астæу цы суадон уыд, уый ныр хъæдгæрон аззади. Цæссыгау сыгъдæг æмæ ихы къæрттау, уазал дон хъæдын нукæй тынг стыр бæласы зæнгæй арæзт бæлæгъмæ заргæ згъордта. Бæлæгъæй-иу фос сæ дойны састой, фæлæ уый алыхатт дæр йæ былтæй калди.
Чызг суадонмæ куы бацыд, уæд дзы цъиуызмæлæг ничи уыд, æрмæст иу хъулон род бæлæгъæй дон нуæзта, чызджы куы ауыд- та, уæд ныббызырттæг æмæ хъæдырдæм алыгъд. Худæг фæкаст чызгмæ: «Æз та дыл ацинтæ кæнон, зæгъын, цæмæй мæ фæтарстæ, æдылы...». Байдзаг кодта донæй къæрта, къусæй уазал дон анызта æмæ къус йедзаг къæртайы нывæрдта, цæмæй хæс- гæ-хæссын доны сæр ленк кодтаид æмæ дон йæ къæхтыл ма калдаид. Рахаста дон. Хæдзарæй куы рацыд, уæд æм афтæ каст, уым исчи уыдзæн, искæуыл рамбæлдзæн, æмæ ныр фæстæмæ зивæггæнгæ рацæйцыд. Хæрдæй фæндагмæ схызт, хъæуырдæм йе ’ргом сарæзта, афтæ йæ хъустыл уæрдоны цæлхыты хъыр- рыст ссыд. Фæстæмæ фæкаст - сугæй йедзаг уæрдон къамбецтæ ратулынц сæ фæстæ, ’фсондзы сæр та лæппу бады. Чызг фæн- даджы былмæ байста йæхи, уæрдонджынæн йæ фæндаг асæрибар кодта. Уæрдон куыддæр æрбаввахс, афтæ лæппу ’фсондзы сæрæй æрсæррæтт ласта, къамбецты фæурæдта æмæ дыууæ къахдзæ- фæн чызджы раз фестади. Æмрæстæджы бакастысты кæрæ- дзимæ, цæст цæсты ацахста иу уысм, цыма арв ферттывта, бæр- цæй - иу уысм. Зæрдæ цыма йæ бынатæй фæиппæрд æмæ хъуырмæ схæццæ. Лæппу чызджы тыхстдзинад фембæрста, сæ- рæй къæхтæм ыл йæ цæст æрхаста æмæ йын хъæлдзæг хъæлæ- сæй салам загъта: - Дæ бон хорз, бæстырæсугъд, æмæ мын дæ донæй куы авæ- рис, уæд дзы дзæмдзæмы доны бæсты баназин. Чызгмæ цыма тынг дардæй æрбахаста уахъæз ацы дзырдтæ, фæлæ хъæлæс, хъæлæс уыд зæлланггæнаг æмæ зæрдæйæн æх- цон. Афтæ, астæу йæхигъæдæй æртасыд къæртамæ, систа къу- сыдзаг дон æмæ йæм æй бадардта. Райста лæппу къус, кæсгæ чызгмæ кодта, афтæмæй йæ цъус- гай нуæзта, йæ сæры та æхцон хъуыды февзæрд, зæрдæхцондæт- тæг хъуыды: «Мæн у, чифæндыдæр фестæд, мæн у...» «Хуыцау, Хуыцау, къусы дон ма рафидийын кæн», - зæхмæ кæс- гæйæ, йæхимид лæгъстæ кодта чызг Хуыцаумæ. Кæронмæ бануæзта лæппу дон æмæ афтид къус чызгмæ ба- дардта: - Бузныг, донарæхæн дæ цард æмæ хорз амонд дæ хай! - худгæбылæй йын раарфæ кодта æмæ та цæстытæ кæрæдзийы ахаёсты баисты.
Ницыуал зæгъыны сæр хъуыд... Ницыдæр загътой... Лæппу къамбецтырдæм атагъд кодта, чызг дæр систа зæххæй йæ къæрта æмæ, цалынмæ акъахдзæф кодтаид, уæдмæ уал лæппуйы фæстæ акаст, уыцы рæстæджы лæппу дæр фæстæмæ фæкаст, мидбылхудгæ йæм йæ къух фæтылдта æмæ æфсондзы сæрмæ сгæпп ласта. Атылд уæрдон... Чызг дæр цыд йæ къахдзæфтæ нымайгæ æмæ хъусты æхцон хъæлæс сусу-бусу кодта: «Донарæхæн дæ цард... Хорз амонд дæ хай... Хорз амонд...». «Чи уыд? Кæд, мыййаг, алцыдæр мæ цæстытыл ауад?» - раз- мæ та акаст. Дардмæ зынд: сæ хъæуы сæрты быдыры хъæутæм цы фæндаг цыд, ууыл уæрдон тылд. Адард уæрдон, фæлæ уæддæр нырма зынди. Къæрта æрæ- вæрдта æмæ касти уæрдонмæ, касти, цалынмæ нæ ауырдыг код- та æмæ дзыхъхъæй нал фæзынд, уæдмæ. Уыцы бонæй фæстæмæ-иу донмæ æнæзивæгæй фæцæйтахт, бон цалдæр хатты дæр. Фæлæ лæппу нал разынд. Æмæ нал цыд хъал чызгмæ зарын, мæргъты зарын дæр æм нал хъуыст афтæ æхцон, раздæрау рæсугъд æм нал каст йæ чысыл хъæу, кæд дидинæгæй фæлыст уыд йæ алфæмблай, уæддæр. Бирæ бинонтæ уыдысты - фондз хойы æмæ фондз æфсымæры. Хистæртæн сæхи бинонтæ уыд, фæлæ кæстæр хо алкæмæн дæр хъулон хо уыд. Цæмæндæр сæ уый иннæтæй уындджындæр ра- уад - цы - асæй, цы - цæсгомæй, æви сæм, тынг æй кæй уарзтой, уымæн афтæ каст? Сæхæдæг дæр цæсты хаудтой, фæлæ кæстæ- ры буц хъомыл кодтой. Йæ хъæлдзæг, йæ цæрдæджы тыххæй дæр уарзинаг уыд. Ныр æрæнкъард сæ булæмæргъ, заргæ нал разил- базил кодта къуымты. Йæхи дæр нæ фæндыд афтæ, фæлæ йæ зæрдæйæн ницы фæрæз ардта - æдзух уыцы æнæзонгæ лæппу- йы сурæт лæууыд йæ цæсты раз. «Уæдта йæ ном куы загътаид, уæдта кæцон у, уый куы срæдыдаид... Исахъ дæр нал фæзынд, иу дыууæ боны мæ йемæ куы акæнид, кæд чысыл мæ зæрдæйæ аха- уид...» Исахъ йæ хистæр æфсымæр уыд. Калачы царди йæ бинонти- мæ. Дукани йын уыд æмæ йæ бинонты уымæй дардта. Хъæу- тæм-иу куы æрцыд, уæд æрмæст йæхиуæттæн нæ, фæлæ уыцы чысыл хъæуы цæрджытæн дæр æхсызгон уыд: чысылтæн -
къафеттæ, стыртæн - тамако æмæ æнæбарæвдаугæ никæй ауагъ- таид. Æнæуый - тынг хæларзæрдæ, худаг, хынджылæггæнаг уыд æмæ-иу йе ’рбацыдмæ иууылдæр бæллыдысты. Ацы хатт уый дæр нал æрбазынд, уымæн ницы аирвæздзæн, йæ саурæсугъд хойы цæстыты æвиппайды ацахсдзæн æнкъард фæлм æмæ... Æмæ йын радзурдзæн йæ зæрдæйы рис, уый йæ бамбардзæн, худгæ дæр ыл нæ фæкæндзæн, фыдау æй барæвдаудзæн. Иннæ æфсымæртæ æмæ хистæр хотæй хъауджыдæр Исахъ тæнзæрдæ æмæ æмбаргæдæр у. «Уымæ æппындæр худæг нæ фæкæсдзæн мæ мæтаг», - йæхицæн ныфсытæ лæвæрдта чызг. Фæлæ диссаг у - адæймаг истæмæ æнхъæлмæ кæсы, уæд рæстæг нытътъанг вæййы. Нал æмæ нал разынд Исахъ... - Куы-иу бон æртæ хатты фæцæйлыгътæ суадонмæ, ныр дыл цы зивæг бафтыд? Уазал дон-ма æрбаскъæф, чызг, - загъта йын йæ мад, зæронд Нино, лæдзæджы æнцæйтты ма чи цыд ныр афæдзы дæргъы - талынджы скъæтæй рацæйцæугæйæ, цæуыл- дæр йæ къах скъуырдта, фæкалд æмæ дурын асиныл йæ син ныц- цавта. Уæдæй нырмæ афтæ фæкъуылых. - Ныртæккæ, Джиччи, ныртæккæ дын æрбаскъæфдзынæн, - загъта чызг æмæ æд къæрта ахызт. Тагъд цыдæй цыд, цыма йæм исчи æнхъæлмæ касти. Къæрта байдзаг кодта, йæ цæст ахаста йæ алыварс, алцы та йæ цæсты- тыл ауад æмæ цыдæр æхцонзæрдæйы уагимæ фæстæмæ ратагъд кодта. Кæртæй куы бахызт, уæд хæдзарæй хъæлдзæг хъæлæба рай- хъуыст. Мад кæимæдæр адджын ныхас кодта. Къæсæрæй бахыз- ти æмæ, «Хуыцау, мæ уд дæ нывонд!». Зæрдæ дзæнгæрджытæ ныццагъта: Исахъ, мады уæхскыл йæ цонг, афтæмæй цæуылдæр худы. Уый та къулы цур даргъ хъæдын сынтæгыл бады. Куыддæр мидæмæ бахызт, афтæ лæппу фестади, йæ цæстытæ фырдисæй астыртæ сты æмæ цæхæртæ, цины цæхæртæ акалдтой. - 0, о, мæнæ мæ зæрватыкк хо дæр æрбатахт, - мады фæуагъ- та Исахъ æмæ йыл атыхсти. Стæй лæппумæ фездæхти: - Базонгæ ут, Чеса, мæ хо Дади. - Стæй йæ ныхасмæ бафтыдта: - Ацы саг- сур лæппу та мæ рагон зонгæ æмæ хæлар бинонты сахъгуырд у, Цхуырбаты Парсийы фырт, - худгæ-хъазгæ та загъта Исахъ. Чызг æмæ лæппу зонгæ кæй уыдысты, ууыл хæйрæг басæт- тæд, фæлæ кæрæдзийы нæмттæ нæ зыдтой - нæ фæцарæхстыс-
ты уэед. Ныр та хъуыддаг афтæ рауад, - лæгæн йæ фæсонæрхæ- джы дæр не ’рцыдаид. Исахъ цалдæр азы размæ бредзайаг Парсиимæ иу зымæгон хъызт боны базонгæ ис æмæ йын уæдæй фæстæмæ ацы бинон- тæ афтæ фæадджын сты, дæлæмæ цæугæйæ, уæлæмæ цæугæйæ сæм куы нæ бауадаид, афтæ нæдæр Калакмæ ацыдаид, нæдæр йæ райгуырæн хъæу Метъехмæ. Уыцы зымæг Исахъ йæ бинонтæ уынынмæ рарасти Метъехмæ æмæ йыл Агарайы иу уæрдон- джын рамбæлд. Уæды рæстæджы кæм уыд машинæтæ, адæм сæ балцы бæ- хыл, кæнæ уæрдоныл цыдысты. Парси æмæ Исахъ дæр рацы- дысты иумæ, сæ фæндаг уæддæр иу уыд æмæ сыл фæндагыл афтæ схъызыд, Бредзайы онг сæ галтæ тыхæйты æрбаластой. Парси - уазæгуарзаг ирон лæг - уыцы хъызты йæ фæндаггоны куыд ауагътаид æмæ æхсæвы Исахъ уым баззади. Бинонтæ ирон æгъдаумæ гæсгæ хорз барæвдыдтой уазæджы, баузæлыдысты йыл - къæхтæн - хъарм дон, фынгыл - цъæх арахъхъ, карчы фыд, хæбизджын - хæдзары ’фсин Чычыри уыцы комы зындгонд Са- тана ’фсин уыд æмæ йæм-иу, гуырдзиаг хъæ^ы цæргæйæ, ирон лæг куы фæуазæг, уæд ыл-иу базыртæ базад. Иæ хæдзарæй ирон ныхас хъуыстаид, уый ад ын ницы кодта. Сыхæгты ’взаг тынг хорз дæр зыдта, фæлæ сæм иронау дзырдта æмæ уый фæрцы йæ бинонтæ иннæ ирон хæдзæрттæй хуыздæр æмæ сыгъдæгдæр бавæрдтой мадæлон æвзаг дæр æмæ сæ фыдæлты хорз æгъ- дæуттæ дæр. Ацы хатт дæр Исахъ йæ рæдау фысымтыл ракод- та йæ фæндаг. Æфсинæн зæлдаг кæлмæрзæн æрбахуын кодта, кæстæртæн - къафеттæ æмæ фынг дæр цæстыфæныкъуылдмæ - цæттæ! Фынгыл бадгæйæ, Чесанайæн ус курыны тыххæй æркой кодтой. Чычыри ирон чындз агуырдта, æндæра сæ алыварс чызджытæ бирæ уыд. Исахъ фысыммæ бахатыд: - Рауадзут абон лæппуйы мемæ. Фенæм, акæсæм, тынг хорз хæдзарон чызджытæ ис нæ комы. Йæ зæрдæмæ дзы чи фæцæуа, уый йын а лæппу йæ разæй скæндзæн, - хъазгæ-худгæ загъта Исахъ. Цæмæй зыдта Чесана, йæ зæрдæ кæимæ дзырдта, уый Исахъы хо уыдзæн, фæлæ уыцы хъæуæй кæй уыд, ууыл нæ дызæрдыг кодта æмæ йæхинымæр загъта: «Ацæуон йемæ. Цынæ вæййы, ис- чердæм æй фендзынæн, стæй уæд, Хуыцау куыд зæгъа, афтæ».
Æмæ федтой кæрæдзи, дыккаг хатт федтой æмæ бæстонæй базыдтой кæрæдзи... «Уыцы амондджын бонæй иу мæй дæр нæ рацыд, афтæ нын нæртон чындзæхсæв скодтой. Куыд тынг бауарзтой мæ бинон- тæ - хойæ, æфсымæрæй, хицæттæй иууылдæр Чесайы, цæрддзу- тæ йыл кодтой. «Кæс ацы дæргъындзæгмæ, цæй амонд æй фæци! - хæлæг мæм кодтой сыхы чызджытæ. Ме ’фсин мæ афтæ сæрыстыр уыд, фæрсмæ фæкæсын мæм ничи бауæндыдаид. Мæ саурæсугъд, астæунарæг чындзæн йæ нывонд мæ сæр, ницы амо- нын ын хъæуы, йæ цæуæт дæр мын йæхийау рæсугъд æмæ онг- джын рацæудзысты». Иæхæдæг асæй ныллæг уыд, фæлæ - дæс сылгоймаджы æмсæр, йæ зонд æмæ йе ’гъдауæй та цыфæнды лæгæй лæгдæр уыд. Æнцондзард, сыгъдæгзæрдæ, бинонты кæрæдзийыл баста æмæ мæ уыдон дæр афтæ бауарзтой, цыма семæ схъомыл дæн. Уый иууылдæр ме ’фсинæй цыд. Иунæг тиу мын уыд, дæсаздзыдæй йæ æрæййæфтон, искуы исты йæм бафтыдаид - адджинаг уыд, дыргъы дзæбæх, диди- нæг, - мæнмæ-иу æй æрбаскъæфта. Чесана дæр афтæ, уарзæгой, хъазæгой, фæлæ бинонты цур - хиуылхæцгæ, æнæуый - уд æмæ дзæцц. Уыцы стыр циндзинады, æгæрон уарзты бæрæгбон æххæст иу афæдз дæр нæ ахаста... Цард диссаг у, адæймаг йæхæдæг дæр: афтæ йæм фæкæсы, цыма цинæйдзаг æмæ зæрдæрайгæ бонтæ тынг тагъд фæвæй- йынц, гæлæбутау атæхынц, мæтæй, мастæй йедзаг бонтæ та цъусгай хилынц, ныддаргъ вæййынц æмæ сын фæуæн нал вæй- йы. Афтæмæй йæ тынг дзæбæх дæр зоны, цал боны ис къуырийы мидæг, цал къуырийы - мæйы, афæдзы... Фæлæ цы бакæндзынæ зæрдæйæн, маст æй куы æхсына, йæ адджындæр адæймаг сы- джыты бын, йæхиуыл та хур кæсы, фæлæ йæ нæ тавы. Гомарты дзуар, табу дæхицæн, цы ракодтон ахæмæй, цæуыл мыл ныккалдтай дæ цæхæртæ... Уыцы æхсæв фын федтон - къа- хеттаг мард мын мæ хъæццул ахаста. Райсомы Чесанайæн дзу- рын, ма ацу абон Дзагъинамæ, æвзæр фын федтон. Уый йæ- хирдыгонау бахудти, аба мын кодта æмæ афтæ: «Цытæ дæ уыр- ны, фын та цы давы? Куынæ ацæуон, уæд мæм фæхъыг уыдзыс- ты ме ’мхæрæфырттæ». Ацыди. Кæртæй ма мæм иу каст фæкод- та, бахудти æмæ ууыл ахицæн нæ цард - изæрæй йæ сау уæрдо- О^-о-^/" 88 ~х^З^Р>
ныл æрластой... Цæйдæр къахеттаг уазæг кæимæдæр схыл, кæ- рæдзи æхстой æмæ дзæгъæл нæмыг Чесайы зæрдæйы ахызт». - Дади, ныр цæуыл маст кæныс, дæлæмæ дæр суджы схъис уыд, уæлæмæ дæр, исты мыл топпы нæмыг сæмбæлд? - хъазгæ та йын загъта лæппу афтæ æрхæндæгæй бадгæ йæм куы бакаст, уæд. - Нæмыг... Нæмыг знагыл сæмбæлæд, æрра, фæлæ мын мæ бындз атæхын кодтай, - загъта ус æмæ йæ бандонæй сыстад, æркаст ын йæ ныхмæ, - цыма нал хъары туг, фæлæ уал хуысс, æз акæсон мæ гогызтæм. - Æмæ рахызт кæртмæ. Хъуыды йæ куыст кодта: «Нæмыг... Иу чысыл здыйы мур, æндæр ницы у, афтæмæй цæ- йас фыд, цæйас хæрам æмбæхсы йæ хуылфы. Уыцы æнгуыл- дзысæрыйас нæмыг хохы хуызæн лæджы уд аскъуыдта, мæнæн та ныммæлыны бонмæ хъизæмайраг цард сныв кодта. Фæ- зæгъынц, ныхы фыст, дам, зоны. Æмæ алы зындзинæдтæ иууыл мæнæн цæмæн ныффыста мæ ныхыл?.. Иу саби мын балæвар код- та, сидзæрæй, дам, æй схъомыл кæн. А иннæты мæгуырдзинад та мын цæмæн ме уæхсчытыл сæвæрдтай, Хуыцау?» Парси уый размæ дæр йæ зæрдæйæ хъæрзыдта æмæ, Чесана- йы мард куы æрластой, уыцы бонæй фæстæмæ йæ уат нал систа. Æртæ мæйы ма ахаста, мæгуыр. Стæй, Чесанайы идæдзæн лæппу куы райгуырд, уæд цыма уыцы бонмæ ныффидар йæ уд, «хорз хабархæссæг дæм фæцæуын, мæ лæппу», - зæгъын ма сфæрæзта фырцинæй æмæ ууыл фæци... Цынæ æрцæуы царды, ахæм та цы ис, фæлæ фыдбылызтæ иу- уыл иу бинонтæм цæмæн сахуыр вæййынц, диссаг æрмæст уый у Цыма афæдзы мидæг дыууæ марды фаг нæ фæкаст Хуыцаумæ, æртыккаг хатт дæр та басаухæдзар Чычыри. Хистæр чызг сæхи хъæумæ уыд чындзыцыд æмæ аргæ-арын æд сывæллон бабын. Иæ цыппар æнахъом лæппуйы æнæмадæй баззадысты. Цы гæ- нæн уыд мæгуыр Чычырийæн - ракодта сæхимæ цыппары дæр. Дади сидзæртæн афтæ тæригъæд кодта, æмæ-иу сывæллæттæ, сæ мады мысгæйæ, куы куыдтой, уæд-иу уый дæр йæ цæссыг нал урæдта. «Иухатт мын хистæр лæппу Валодя афтæ: - Дади, дæуæн дæр дæ мад амарди, цæмæн кæуыс? Худæг мæм фæкаст, куыддæр, фæлтау мæ мад куы амардаид зæгъын, ахъуыды кодтон æмæ ^^О^Щ/" 89 ^ч^О^^
стæй мæ зæрдæ мæхиуыл фæхудти - алкæмæн йæхи амонд ис. Афтæ баззадтæн семæ мады бæсты». Цыдысты азтæ æмæ бинонтæн сæ цард ноджы фæзындæр, æнæлæг хæдзары лæджы куыст дæр сылгоймæгтæ кодтой. Æцæг, кæстæр тиу рахъомыл, фыййау дæр цыд æмæ Дадийы æххуысæй хæдзарон хъуыддæгтыл дæр тых кодтой. Дадийы ’фсымæртæ арæх цыдысты сæ хойы абæрæг кæнынмæ, æххуысы къух дæр æм дардтой, фæлæ уæддæр катай кодтой, сæ хо афтæ фыдæбойнаг цардæй кæй тыдта йæ бонтæ, уый тыххæй. Æмæ иухатт йæ хис- тæр æфсымæр Митта арæхстгай дзырд æрæппæрста йæ хойæн, кæдмæ хъуамæ хъизæмайраг цард æрвитай, иуы бæсты фондз сидзæрмæ зилыс, рацу дæ фыды уæзæгмæ æмæ ног амондыл ахъуыды кæн, зæгъгæ. - Куыд мын дæ цæст бауарзта, ме ’фсымæр, ахæм уæззау ны- хас зæгъын? Цас ном уын уыдзæн, ныр куы сыстин æмæ Чесайы ингæн æнæхицауæй, мæгуырæй куы ныууадзин æмæ искæй фæстæ куы фæцæуин? - Мæ хо, иунæг дæуыл не ’рцыд ахæм хабар, фæлæ та ногæй ссарынц сæ амонд æмæ сæ цард саразынц, - сабыргай, лæгъстæ- йы хуызы йын загъта Митта. - Курын дæ, макуыуал мын ской кæнут ахæм исты, æндæра фæсмойнаг фæуыдзыстут, - йæ зæрдæ суынгæг Дадийæн. Ууыл ахицæн сæ ныхас, фæлæ бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ ныр Исахъ фæзынд бæрæггæнæг. Стыр хуынтимæ та æрбацыд æмæ æрхæндæг бинонты йæ хъæлдзæг ныхæстæй чысыл ба- худæнбыл кодта. Уыцы сидзæр сабитæн дзаумæттæ, къафеттæ æрласта æмæ сын сæ мæгуыр зæрдæтæ батавта. Чысыл куы фæхибар сты йæ хоимæ, уæд ын загъта: - Дади, Митта мын дæ хъуыды загъта. Æмбарын дæ, зын дын у, ахæм уавæры дæумæ кæсын та махæн у зын, фæлæ дæ бар - дæхи, куыд дын æнцондæр у афтæ бакæн. Æрмæст иучысыл мæнмæ дæр байхъус - ахæм хъуыды мæм ис, дæ лæппуйы дын акæнон Калакмæ, мæхи сабитимæ уыдзæн, иумæ сæ хъомыл кæндзынæн, кæй ницы цух уыдзæн, ууыл дæ зæрдæ дар. Тагъд скъоламæ цæуынхъом у æмæ уым ахуыр кæндзæн. Тыхсгæ ма кæн, арæх-иу æй æрбакæндзынæн, кæм дæуæн дæр æфсон уыдзæн дæ хъæбул уынынмæ цæуыны тыххæй æмæ-иу дæхи раирхæфсдзынæ. Ам æй куы ныууадзон, уæд дзы цы рауайдзæн
зæхкусæджы йеддæмæ, куы сахуыр кæна, уæд йæхицæн дæр хуыздæр æмæ махæн дæр ныфсы хос уыдзæн. Афтæ дзургæйæ сæ Чычыри дæр æрбаййæфта, Дадийæн йæ цæссыг йæ рустыл лæдæрст, дзургæ ницы кодта, афтæмæй. - Ма ку, дæ нывонд фæуон, мæ зондджын хъæбул, мауал ку. Алыбон знаг фæкæуæд. Хуыцау уæлейæ кæсы, исты хостæ кæн- дзыстæм. Чычыри чердæм бамбæрста Дадийы кæуын, уый афтæ кæй нæ уыд, уый Исахъ фергом кодта, йæ хъуыды уымæн дæр ра- дзырдта: - Нæ хойæн афтæ фæадджын уæ хæдзар, йæ ног бинонтыл афтæ сахуыр æмæ йæ ардыгæй йæ къах никуыдæмуал хæссы. Цы кæнæм, йæ уд йæ бар у. Фондз æфсымæрæй иу идæдз хойы фæтыхсын кæнæм, уый нæ сæрмæ нæ бахæсдзыстæм. Цы нæ бон уа, уымæй йæ фарсмæ балæудзыстæм. - Мæ сæр уæ нывонд, Исахъ, уæ ныфс мын Хуыцау макуы байсæд, - йæ хъуыды кæронмæ зæгъын нал бауагъта Чычыри Исахъы. - Мæнмæ иу хъуыды ис, кæд уæ зæрдæмæ дæр фæцæуа, уæд, - æмæ Исахъ Додтийы акæнынмæ кæй хъавы, уый йын загъта. Чычырийæн йæ зæрдæ суынгæг: «Сæхирдæм ыл хæцынц, чындз нæ комы, ныр сывæллоны акæндзысты, мад уыцы хабар не сфæраздзæн æмæ йæ фæстæ ацæудзæн, стæй йæ нал рауадз- дзысты». Цæстытæ доны азылдта, фæлæ йæхи фæфидар кодта: - Чындз, дæхи куыд фæнды, афтæ, мæ хур, фæлæ æнæ Дод- ти нæ бон бауыдзæн (уый чысыл лæппуйы хуыдтой], æнæ дæу бафæраздзæн? - Ацахуыр уыдзыстут, стæй уын фенцондæр уыдзæн, - йæ ны- хас та загъта Исахъ. - Исахъ, æз дæуыл алыхаттдæр мæ зæрдæ дарын, ды мæ ин- нæтæй хуыздæр æмбарыс. Чеса кæм ис ныгæд, æз уыцы уæл- мæрд равзæрстон мæ фæстаг бынатæн... Уæдмæ та уал ын йæ уи- даг схъомыл кæнæм, - загъта Дади æмæ ахызт дуармæ. Акодта Исахъ чысыл лæппуйы Калакмæ. Зæххыл бадын дæр æй нæ уагътой Исахъы сывæллæттæ, иннæахæм - Исахъы ус. Куы йæ циркмæ кодтой, куы - паркмæ, алыхуызы йæ рæвдыд- той, цæмæй сыл сахуыр уыдаид. Æмæ æцæг айста сабийы зæрдæ
йæхиуæтты. Тагъд скъолайы рæстæг дæр æрцыд æмæ йæ рад- той ахуырмæ. Хъæутæм дæр-иу æй акодта Исахъ. Афтæмæй Да- ди йæ ходыгъды сидзæрты хъомыл кодта, йæхионы та - йе ’фсымæр. Иу-æртæ азы фæстæ Чычыри йæхæдæг бацагуырдта йæ гуыр- дзиаг сиахсæн бинойнаг, ирон идæдз ус Беппитæй æмæ йын æй æркодта. Ног мад æвæджиауы хорз адæймаг разынди. Чычыри йæ йæ- хи чызгау айста, рæвдыдта йæ æмæ Беппион ацы хæдзармæ аф- тæ цыд, куыд йæ цæгатмæ. Афтæ адджын цард кодтой, хъæубæс- тæ дисæй мардысты. Уыцы хорз ахастытæ Чычырийæ кæй цы- дысты, уый алчидæр хорз æмбæрста æмæ йын фылдæр кад кодтой. Иууыл диссаг та уый уыд, Чычыри йæ алыварс цæрæг гуырдзиæгтæм иронау кæй дзырдта, афтæмæй сын се ’взаг дзæ- бæх зыдта. Исчи йæм-иу сыхæгтæй адгур истæмæ бадзырдта: «Гъай, Мака» (афтæ йæ хуыдтой сыхы), уæд-иу сæм ахъæр кодта: - Гъмертма дакъа (Хуыцау дæ æркъуырæд), рахиз мидæмæ. Æппындæр сæм хъыг нæ каст, зыдтой йын йæ рæдау, хæлар зæрдæйы уаг. Дади йæ ходыгъды сывæллæттæм ахæм хъарм ахаст кæй дардта, уымæ гæсгæ фылдæр уырдæм - сæ мады мады хæдзармæ æппæрстой сæхи æмæ фылдæр æхсæв дæр уым уыдысты. Цу- махъом дæр фесты хистæр лæппутæ æмæ сæ мады ’фсымæр Батырæн æххуыс кодтой. Батыр дæр ныр усгур лæппуйы кары бацыд æмæ Чычыри ууыл дæр хъуыды кодта, ныр ын рæстæг у бинонтæ æркæнынæн, зæгъгæ. «Цы саразæм, - йæхимид хъуыды кодта хæдзары хис- тæр æфсин, - утæппæт мæстытæ бавзæрстон, фæлæ бирæгъ фы- сы дзугмæ куыд гæппæввонг лæууы, мæлæт дæр адæймагмæ афтæ цæттæйæ лæууы. Фæлæ фысгæс бирæгъы тæсæй йæ фысы дзугыл йæ къух нæ ауигъы, уæддæр сæ фылдæрæй-фылдæр кæны. Адæймаг дæр мæлæты тæсæй йæ хъустæ ма хъуамæ æруадза: цæрын хъæуы, цот кæнын хъæуы. Хæдзар ма хъуамæ фæцуда, мæ лæппу, ныр дын афон у бинонтæ бацагурынæн. Дæ чындз дæр тæригъæд у, зилын дæм хъæуы». Батырæн ус Дади равзæрста йæхи комбæстаг, Хъессаты рæ- сугъд чызг. Æрхастой йæ æмæ уый дæр æнамонды чындзы цыд фæци, мæгуыр - бæрцæй фараст мæй рацардысты иумæ æмæ
стæй аргæ-арын бабын. Лæппу аирвæзт æмæ та Дадийæн ног сидзæр йæ къухы баззад. Бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвыстой Дади æмæ йе ’фсин æмæ аирвæзт саби. Ныр мæнæ ацы «куыдзы хуызæн æмæ хæрæджы хуызæныл» йæхæдæг дæр дис кæны - кæуылты, дам, айрæзт. Æртæ азы фæстæ Батырæн дыккаг ус æрхастой - Бекъойты чызг Къато. Нæ чындзмæ комбæстæ «Чынджо»-йæ дзырдтой æмæ йыл афтæ номæй баззад. «Афтæ, мах зæронд кæнæм, сабитæ рæзынц, Хуыцау сæ даргъ, уæрæх ауадзæд. Мæнæ ма Чынджойæн лæппу куы фенин, уæд хорз уаид. А мæхион куыд æрæгмæ цæуы. Ныр мын студент сси, иунæгæй дæр-иу дзæбæх æрбауад, æнæ Исахъ. Мæхæдæг та йæм ацæуин... Адæймагæн йæ сæры цы нæ фæкуысси уыдзæн, мæ зæрдыл æрбалæууыд, иу-æртæ азы размæ дæр афтæ нал æмæ нал зынд æмæ мæхæдæг ацыдтæн йæ уынынмæ. Иу-дыууæ боны фæстæ хъуамæ раздæхтаин æмæ мæ чындз нæ рауагъта, иу бон ма æрлæуу, сом Ворошилов хъуамæ æрцæуа - бæрæгбоны хуызæн цæттæ кæнынц сæхи горæты хицауад, мах дæр ацæуæм, фенæм, дам, æй. Баззадтæн. Ацыдыстæм дыккаг райсом вок- залмæ, адæм æмызмæлд кодтой гыццылæй-стырæй. Тротуар- тыл къухбакæнæн нал уыд адæмæй, уынгты та сырх гауызтæ тыд. Æрцыд поезд, сæмбæлдысты уазджытыл, скъоладзаутæ сын сæ разы дидинджытæ калынц, æмдзæгъд кæнынц адæм, цæгъ- ды музыкæ. Мæ чындз мын мæ хъусы бадзырдта: «Æфсæддон пы- сулджын рæсугъд лæг у Ворошилов». Ныллæггомау уыд, фæлæ мæм цæсгомæй куыддæр Чесайы æнгæс фæкаст. Изæры бинонтæ иууылдæр куы ’ртымбыл сты æмæ æхсæ- вæрыл куы ’рбадтыстæм, уæд Исахъ йæхирдыгонау хъазæн ныхæстæ райдыдта æмæ мæн дæр афарста: - Куыд дæ зæрдæмæ фæцыд Ворошилов, мæ хо? - Гъеуал азы кад æмæ радæй фæбадтæн æмæ иу хатт дæр мой скæныныл никуы ахъуыды кодтон, фæлæ мæ Ворошилов куы куырдтаид, уæд ын бакуымдтаин. Цы худæг сæм фæкаст! Афæрсыл сты. Мæ лæппу та фæгæпп кодта æмæ тæргай ралыгъд дуармæ. Ехх, мæ зæрдиаг, моймæ цæуын мæ куы фæндыдаид, уæд йæ рæстæгыл ацыдаин. Ууыл æппындæр нæ фæсмон кæнын, æз Чесайы уынынмæ алы райсом æхсæвыцъæхæй цыдтæн уæлмæрдмæ, мæ зæрдæйы тыппыртæ- ^^^Шх’ 93 -х@^3^^
иу суагътон æмæ фæстæмæ лидзгæ, мачи мæ фена! Уый мæнæн абоны онг дæр мемæ рацу-бацу кæны æндæргау, æз ыл афтæ са- хуыр дæн, алы уысм дæр цыма мæ фарсмæ ис. Ныр ды дæ уарзон чызджы тыххæй æрæгмæ-æрæгмæ цæуыс, чындз мын загъта, уарзон дын кæй ис. Амондджын у мæ иунæг, Хуыцау æмæ Уа- стырджи де ’ххуысгæнæг, фæлæ дын уыцы калачы хъомыл чызг хъæумæ ракомдзæн? Не ’нхъæл дæн, мæ зæрдæдарæн, фæлæ дæ разы куыд балæудзынæн, куыд дæ фæнды, афтæ бакæн. Æз æй зонын, дыууæ уды ’хсæн бацæуын тугтæригъæд у. Кæд дæ фыды уæзæгмæ ’рыздæхай, хорз, кæд - нæ, уæд... - Дади, цы фæдæ, абон мæ сыдæй марут? Чындзо дæумæ æнхъæлмæ кæсы. - Йæ цуры балæууыд Алеш. Йæ хъуыды фескъуыд Дадийæн, лæппумæ скаст: - Мæнæ куы дæн... - Чындзо афтæ, цæуылдæр, дам, тынг æнкъард у æмæ дæм нæ бауæндыд. Æз дзæбæх дæн, цæуыл мæт кæныс ныр афтæ тынг? - Афтæ æвиппайды дын адзæбæх дæ цæф? Цом, уæдæ, ме ’рра лæппу, цом, басихор кæнæм, дæ нывонд, - æмæ сæ дыууæ дæр мидæмæ бахызтысты. * * * Æнусмæ æввахс фæцарди Дади æмæ куыд дарддæр, афтæ фылдæр хъизæмайраг бонтæ æвзæрста. Чиныгкæсæг ма схъыг уа утæппæт сау уæрдæтты койæ, уымæй мæхи хизгæйæ, цыбыр- тæй дзурын. Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ йын йæ студент лæппуйы куы акодтой, уæд Дади дæр йемæ ацыд. Турчы арæн- тыл цы дивизи лæууыд, уырдæм бахаудта лæппу. Мад уым æрцард иу зæхкусæджы бинонтæм фатеры. Алыбон, гарнизон кæм уыд, уырдæм цыд, уым бацæуæн дуармæ æввахс лæууыд æнæхъæн бон æмæ мидæмæ каст. Инæлар уыдта саударæг усы æмæ йæ иу- хатт йæхимæ бакодта, бафарста йæ, чи у, цæмæн лæууы алыбон уыцы ран. Дади йын лыстæггай радзырдта йæ хабæрттæ. Инæ- лар тбилисаг сомихаг разынд Бегтабегов. Лæмбынæг æм бай- хъуыста æмæ куыд, цы хуызы сарæзта хъуыддаг, фæлæ иу мæйы фæстæ мад æмæ фырты йæхи машинæйыл æрласта Бредзамæ. Уыцы рæстæджы ацы хабар стыр диссаг уыд æмæ диссагæн дæр баззад хъæубæстæн.
Додтийæн йæ калакаг уарзон кæйдæр фæстæ адымдта, фæлæ Дади уымæй рæсугъддæр ирон чызг ракуырдта йæ лæппуйæн. Æртæ сывæллоны дæр сын рацыд. Уыдоны дæр фæхъомыл код- та Дади. Фæлæ Додти æвзæр низæй фæрынчын æмæ афтæ тагъд æрбайсæфт, æнхъæл куыд ничи уыд. Йæ удыл та фидар ныххæ- цыд Дади - æртæ сывæллоны дарын хъуыд. Ныр та йын астæук- каг лæппу æнæнхъæлæджы æрбамард... Уыцы дудгæбоны фæстæ дæр ма дзæвгар рацард Дади æмæ æрмæст иухатт ралгъыста Хуыцауы: «Дæлæмæ æрхау, мæ Хуы- цауы хай, кæд æндæр ницæмæн хъуыдтæн, уæд мын афтæ дæргъвæтин цард цæмæн радтай!?» ътсъожъя-осм Мартъы мæй зæронд нымадæй нырма йæ тыхы уыд. Боны- гъæд райсомæй изæрмæ фараст ивды кодта. Куы - хур, куы - уазал дымгæ, куы - митфæлдзæгъдæн - афтæ æнæадæн-иу баи- зæр. Ранæй-рæтты зæронд миты хъæпæнтæ урс дардтой. Рæс- тæгæй-рæстæгмæ-иу ногæй дæр рагæбына кодта, фæлæ хуы- лыдз мит куыддæр зæхмæ хæццæ кодта, афтæ тади æмæ, æнæ- уыйдæр, донæфсæст сыджыт цъыфызмæстæй лæууыд. Уыцы райсом раджы колхозы къанторæйы дыууæйæ уыды- сты. Сæ иу - бæрзонд, йæ сæр куысыфтæджы хуызæн, фæрссаджы цур лæууыд æмæ хъызт боныгъæдмæ каст, йæхæдæг дæр - йе ’взæр зæрдыл, афтæмæй. Иннæ - ныллæгдæр, фæстаг дзулау зылынтæ, æмæ стырсæр- джын, зæронд стъолы фарсмæ хъинцъхъинцъгæнаг бандоныл бадти, йæ дыууæ къухы - йæ къæмисæнтæм быцæу. - Цы нын бадардта уагæры уыцы «Дæрзæг», мæ сæр фæтоны, - загъта ныллæг хъæлæсæй æмæ йæ ных йæ рахиз къухæй аууæрста. - Уæдæ... Цæй хъæхъхъаг цыдæр уыд, мæ хурхы сæртæ ардуа- ны хуызæн систы, - хырхыргæнгæ сдзуапп кодта бæрзонд. Ныллæгдæр лæг колхозы хынцæг Козаты Дули уыд, бæр- зонд æмæ къæсхуыртæ - хъæусоветы финагент Бадилаты Цъы- цъыл. Авлевы хъæусоветы цы фараст хъæуы уыдис, уыдон æй чысылæй, стырæй Тъантъле номæй зыдтой. Дæргъындзæг, йæ дзых - йæ фæсхъустæм, хамхара лæгмæ ацы фæсномыг хуыздæр
каст æмæ йыл фидаугæ дæр тынгдæр кодта. Йæхинымæры-иу йæ номæвæрæгмæ мæсты дæр раци - «чердæм «Цъыцъыл» æмæ цæй «чысыл» дæн, мæхицæй мæхæдæг куы тæрсын». Адæм цыргъзонд сты - иу фендæй дæ сбардзысты æмæ фæци! Цы дыл фидауы, уыцы ном дыл авæрдзысты æмæ мæлæты бон- мæ де рагъæй нал рахиздзæн. Хъæуы царды хабар афтæ у - стæм адæймагыл фембæлдзынæ, фæсномыгæй йæ мацы хоной. Цынæхуызон ном дзы нæ фехъусдзынæ: Тадзин, Зети, Зылын, Згæ, Сыгъд, Къокъоша, Къупри æмæ сæ чи фæнымайдзæн. Уы- цы нæмттæ сæ хицæуттыл сæ уæлæ карстау фидауынц, уымæн æмæ кæнæ се ’ддагон бакастмæ гæсгæ сты æвæрд, кæнæ та - сæ адæймагон миниуджытæм гæсгæ. Æмæ сыл Хуыцауы хорзæхау хъæцынц. Уыцы равзаргæ æцæг ном та, бæрæгбонон дарæсау, арф æфснайдæй лæууы райгуырды бæлвырдгæнæны. Бадилаты Цъыцъыл дæр иударон пысулау тыдта, хъæуыл цы уæлдай ном - Тъантъле сæвæрдтой, уый. Лæууыд ныр къан- тъорæйы фæрссаджы цур зноны нозтфæлладæй, æмæ хъызт боныгъæдмæ каст æмæ, кæм «спъахмел» кодтаид, ууыл хъуыды кодта. - Тъантъле, афтæ бадын нын ницы къух ратдзæн. Цом, мах- мæ ацæуæм. «Куыдзы хæстæн, дам, куыдзы хъуын - йæ хос», - кæд нын мæ хæдзары æфсин батæригъæд кæнид æмæ нын фæйнæ сыкъайы бадарид... Кабускæйы цæхджынтæ дæр нæм ис, - æрæгмæ загъта Дули. Тъантълейы нозтфæллад сæры магъзмæ фыццаг нæ ба- хъардта, цы йын загъта йæ цæдисон æмбал, стæй йæ куы бам- бæрста, уæд тæвдæй фæзылд æмæ: - Цытæ дзурыс! Æндæрæбон дæр мыл ахæм тай-тай ныккодта дæ рæсугъд Санет, æмæ мæ уд мæ къæхты бынæй асæррæтт ла- ста... Нæй, сымахмæ - нал... Сыст, азилæм, чи зоны, исты нæ къух- ты бафта, кæнæ исчи фæрæдиа æмæ нын «мидæмæ рацу», зæгъа. Дулимæ раст фæкаст Тъантълейы хъуыды. Ацы райсом хæ- дзарæй афтæ раджы рацыд, йæ бинонтæ нырма фынæй уыды- сты - йæхи сæ райста æнæфыдбылызæй. Ныр сæм Тъантълейы куы бакодтаид, уæд Санет, æз дæуæн зæгъон, стыр фæхатыр код- таид - ахæм тардзæгъдæн самадтаид æмæ сæ æнæарахъхъæй пъахмелигондæй рарвыстаид.
Хынцæг-Дули растад йæ бандонæй, дуар рахгæдтой æмæ хъæуырдæм ауырдыг сты. Къанторæйæ дзæвгар адард сты æмæ хъæуы астæу Згæйы кæрты дуары цур æрлæууыдысты. Згæ Надирадзе Тъатъейы хуыдтой йæ цæсгомы хуызмæ гæсгæ, æнæуый, раст зæгъгæйæ, зæрдæйæ згæ лæг нæ уыд. Æддæмæ сæ ничи зынд. Сæ куыдз æмбонды мидæгæй пыхсыты бын хуыссыд, фæлæ читт дæр нæ фæкодта. Фæлæууыдысты, фæракæс-бакæс кодтой, куы-иу схуыфыды- сты, куы-иу хъæрæй сныхас кодтой, фæлæ æндæр низ уæ удæн ма фенон, фысымтæй æддæмæ йæ сæр ничи радардта, чизоны, фæрссагæй дæр суыдтой æнæхонгæ уазджыты æмæ фынæй æфсон скодтой... Цы сæ бон уыд? Сæ фæндаг адарддæр кодтой. Дыууæ хæдза- ры фæрсты ахызтысты æмæ Батъонкъа-Осийы суыдтой - йæ кæрты уырыссаг «топорæй» иу стыр къуыдыр сæттыныл ар- хайгæ. - Агъа! «Æлвынинаг» фыс бафтыд нæ къухы, - бацин код- та Тъантъле æмæ Дулимæ райгондæй бакаст, - фендзынæ ныр, куыд нын радзæбæх кæндзæн нæ зæрдæтæ ирон арахъхъ æмæ уæливых. Сæ цыд фæтагъддæр кодтой «дзмакъацтæ» Батъонкайы кæрты ’рдæм. Батъонкъа æцæгæй дæр оси (ирон) уыд æмæ йæ фæсномыг дæр йæ нысаныл æмбæлд, фæлæ иннæ ирæтты хъауджыдæр æрмæст ацы^лæджы цæмæн хуыдтой «оси», уый æцæгæй цымыдисаг уыд. Йæ фыды фыд æмæ иуцалдæр ироны революцийы агъоммæ Дзауы комæй ралыгъдысты æмæ гуыр- дзиаг хъæу Брезайы æрцардысты. Ацæуæт кодтой, цалдæр фæл- тæры раивтой, бабирæ сты ирæттæ, фæлæ уыйæппæтæй æр- мæст Батъонкъайыл баззад «оси» ном. Чизоны, йæ мадæлон æвзаг æмæ ирон æгъдæуттæ кæй нæ рох кодта, уый тыххæй ра- уад афтæ. «Цы бон, дам, дын дæ бинонтæн ничи скува, уыцы бон нымæцы нæй, - афтæ-иу фæкодта æмæ йæ фынгыл цæхх, кæр- дзын æмæ арахъхъы дурын æнæсисгæйæ лæууыдысты. Тъантъле бирæ хæттыты фæминас кодта ацы ирон хæдзары æмæ ныр дæр уыцы зæрдæйæ балæгæрста кæрты гом дуарæй. - Дæ райсомтæ хорз, Батъонкъа-оси! - бахъæр кодта Дули.
Батъонкъа, йæ фæрæт æрцæвынæввонг, афтæ фæзылд æмæ сæ куы ауыдта, уæд фæрæт къуыдырыл авæрдта æмæ саламæн дзуапп радта: - Кæй райсом у, уый хорзæх уæ уæд! Скæстытæ кодта уазджытæм æмæ йæ зæрдæ цыдæр æнæрайы къæпп фæкодта - хæрзиуæджы минæвæртты хуыз сын нæ уыд. Тъантъл е куыддæр нæл бабызау хылæввонгæй лæууыд. Стæй, йæ уæхскыл цы «планшетгонд» хызын уыд, уый йæ гуыбынырдæм æрбассывта, йæ хистæр æнгуылдзтæ, йæ астæуыл цы фæтæн, сæрак рон уыд баст, уым фæцавта æмæ йæ бынаты базмæлыд, аракæс-бакæс кодта, цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ къу- хы не ’фтыд. Батъонкъа йæ хатыд, финагентæн хорзæй зæгъын ницы уыд йæ зæрды, æндæра афтæ нæ тыхстаид - хорз хабар зæгъынмæ алчи дæр рæвдз у. Батъонкъа ныр та Дулимæ бакаст фæрсæджы цæстæнгасæй. Дулийæн æнæуыйдæр бæрзæй нæ уыд, ныр фыртыхстæй йæ сæрыл уæлæмæ нал хæцыд, йæ рахиз уæхск размæ раппæрста æмæ уыцы тæккæ афтæ зылын-мылынтæ уыд, æмæ Батъонкъа æнæбары йæхимид ахъуыды кодта: «Цымæ йыл чи сæвæрдта «къутъи дзул?» - Батъонкъа-Осо, цал хатты мæ хъуамæ æрбакæнай, цæмæн- нæ фидыс дæ фиддон? - сфæрæзта фæстагмæ Тъантъле, фæлæ нозты фæстæ йæ хъæлæс кæй хыр-хыр кодта, уый тыххæй йын æгæр хъæрæй рауад æмæ йæ ныхас мæсты æмæ дæрзæгæй азæлыд Батъонкъайы хъустыл. Ахæм хуызы нæ уыд йæ зæрды зæгъын. - Цы, цы, дам, лæппу?! - фæдисау Батъонкъа. - Кæцы фиддо- ны кой кæныс, дæ Хуыцауы тыххæй? - Кæцы кæ, паддзахадон фиддоны кой, æз æй куынæ ’рымы- сыдтæн, мыййаг, - фæрсырдæм акаст Тъантъле. - Дæ мæрдтыстæн, амæй размæ дын æртæ туманы нæ бафы- стон? - йæ цæстытæм ын ныккаст Батъонкъа. - Ныр амæ кæс! Кæд мын бафыстай? Куы бафыстаис, уæд мæм квитанци нæ уаид? Кæд дæумæ ис, уæд мын æй фенын кæн. - Афтæ мын нæ загътай, лæппу квитанцитæ, дам, мæ ферох сты, стæй уын сæ байуардзынæн, зæгъгæ? - йæ хъæлæс фæкарз- дæр лæгæн.
- Уф, дзурыс ды дæр! Æхца рахæсс дын зæгъын. Сымах мæн фараст хатты куы нæ ’рбацæуын кæнат, уæд уын ад нæ кæны. Мæ къæхтæ баихсыдысты хæдзари-хæдзар зилынæй, - схыр-хыр та кодта Тъантъле. - Тъантъле, æз дын чысыл сывæллон нæ дæн æмæ ма джи- дзæг кæн. Иу хатт дын бафыстон æмæ фаг у. Ныр дæуæн цал хат- ты де ’хцатæ бахардз уой, уал хатты мæ дуармæ куы цæуай, уæд мæм ’хцалыггæнæн станок ис? - Аргъæуттæ ныууадз, фæлæ, кæд бафыстай, уæд мын дæ квитанци фенын кæн. Дæумæ дæр хъуамæ уа, æмæ мæнмæ дæр. Мæнмæ дзы нæй. Кæд дæумæ ис, уæд æй рахæсс æмæ сæрибар дæ. - Йæхион кодта Тъантъле. - Гъо æмæ нын фенын кæн, Батъонкъа, квитанци, кæд дын фыст у, уæд ма дын кæцы закъонмæ гæсгæ фидын кæндзыс- тæм, - ныр та Дули дæр бахатыд Батъонкъамæ. - Дæ хорзæхæй, Дули, ахæмæй мæ зоныс æмæ æхцайы ка- печчыты тыххæй мæ цæсгом фесафон?! Ай цы рæстæг æрцыд, Хуыцау, ды мын мацы кæн! Зноныккон сывæллон дæ сайынмæ хъава! - мæстыйæ загъта Батъонкъа. Дули зулмæ бакаст йе ’мбалмæ. Финагент хæлиу лæууыд æмæ йæ тугхъулон цæстытæ тъæбæртт-тъæбæртт кодтой. - Ома, цæмæй æвзæр рæстæг у? - уыцы дзырдыл ныззезелæг Тъантъле, - социализм дын алцы æнæаргъæй радта æмæ дзы хъалон фидын кæй хъæуы, уымæн нал цæуы дæ зæрдæмæ? - Кæй зæрдæмæ нæ цæуы, лæппу, социализм? - рахсыст лæг. - Ныр дыууæ дамгъæйы базыдтай, хицауады куысты лæуд дæ, æмæ дæ уый тыххæй фæтæрсон? Хицауады закъæттæ дæ хуызæт- тæ зыгъуыммæ кæнынц, æндæра ма кæм федтай иу фиддон дыууæ хатты фидгæ? Тъантъле фембæрста, æгæр ын кæй фæци, æмæ сын ныр Ба- тъонкъа «мидæмæ рацæут» кæй нал зæгъдзæн, фæлæ куыд ацыдаид æгадæй? Куыд фæмæнг кодтаид йæ дзырд, æмæ куыд- фæндыйæдæр архайдта, цæмæй ’хца исты хуызы йæ къухты бафтыдаид. Æрдæгыл дæр ын æнæ сразы нæ уыд, æрмæст ацы кæртæй афтид армæй ма ацыдаид. Дулимæ бакаст, ома, ды дæр мын чысыл аххуыс кæн, иу ныхас уæддæр баппар, зæгъгæ. «Дзмакъацтæ» фыццаг хатт куынæ «куыстой» иумæ æхца. Ду- ли йæ бамбæрста, фæлæ Батъонкъа ахæмтæй нæ уыд, æнцонæй кæй фæсайдтаиккой, æмæ ныр йæхинымæры Тъантълемæ мæс-
ты дæр кодта, зæгъгæ, кæд ын иу хатт бафидын кодта, уæд ма мæ дыккаг хатт ардæм куыд ракодта. - Куыд дæм кæсын, афтæмæй хицауады пайдайæн хъалон фи- дыны ныхмæ дæ, нæ? - æртхъирæнгæнгæ бакодта финагент. - Лæппу, райсом дæ дзæбæх къахыл стад нæ фæдæ æви куыд у дæ хъуыддаг? - хъæрæй йæ афарста Батъонкъа. - Куы, дам, со- циализм нæ цæуы дæ зæрдæмæ, куы хицауады ныхмæ дæ. - Цæй тугтæ мыл мысыс, уый ма мын бамбарын кæн! Мæ фиддон ба- фыстон æмæ фæци! Дыккаг хатт дын цæмæн хъуамæ бафидон, кæцы закъонмæ гæсгæ?! Хъæлæбамæ сыхы лæгтæ æддæмæ ракалдысты æмæ иугай- дыгай Батъонкъаты кæртмæ æрбахызтысты. Ацы хабармæ но- джы тынгдæр смæсты Тъантъле æмæ хъæрæй бартхъирæнтæ кодта: - Дæу ахæстоны куынæ бамбийын кæнон, уæд ам лæппу ма уæд! Хицауады фиддоныл «нæ» чи зæгъы, уый хицауады уæй- гæнæг у, уæдæ цы у? - Ныр амæ хъусут! Уæйгæнæг дæр мæ рахуыдта! - Батъон- къа, нартхордон къутуйы фæстæ цы чъизи миты хъæпæн уыд, уырдыгæй йæ дыууæ къухæй мит фелвæста, къуыбар дзы са- рæзта æмæ йæ Тъантълемæ бадардта: - Айс ацы къуыбар, кæд раст лæг дæ, уæд, бацу уæртæ хосдо- ны онг, къуыбар иу къухæй иннæмæ раппар-баппаргæнгæ, æмæ йæ фæстæмæ ’рбахæсс. Тъантъле йын ницы бамбæрста. Фырмæстæй йе ’фсæр æр- хаудта æмæ йе ’взагæй йæ былтæ асдæр-асдæр кодта. - Айс, айс къуыбар, кæд раст лæг дæ, уæд! - хъæрæй та йын загъта Батъонкъа. Тъантъле йæ цонг бадаргъ кодта æмæ къуы- бар райста. - Иу къухæй йæ иннæ къухмæ раппар-баппаргæнгæ, бацу хос- доны онг, фæстæмæ ’рбаздæх æмæ дын зæгъдзынæн, куыд раст лæг дæ, уый. Финагент æнæдзургæйæ анкъуыст йæ бынатæй æмæ уыцы цъыфы йæ даргъхъусджын цырыхъхъытæй алæгæрста. Сыхæг- тæ дæр ницы бамбæрстой хабарæн æмæ куы Тъантълейы фæс- тæ кастысты, куы та-иу Батъонкъамæ нымдзаст сты. Хосдоны онг цас бауайын хъуыд, Тъантъле уыцы тæккæ ба- цыд æмæ фæстæмæ фездæхт. Лæгтæ кæм лæууыдысты, уырдæм
æрбацыд æмæ сæ цуры æрлæууыд. Миты къуыбар йе стыр армы, афтæмæй, æнæдзургæйæ, уым лæуджытыл йæ цæст ахаста. - Æри ардæм ныр уыцы къуыбар, - загъта йын Батъонкъа. Тъантъле йæм æй радта. - Афтæ чысыл уыд, ардыгæй йæ куы ахастай, уæд? Тъантълейæн, чысыл ма бахъæуа, йæ цæстытæ рахауой. - Бадон ис, æрмтты ’хсæн бадон ис, уый та йæ аххос цæмæй у? - фæцырди Дули. - Гъо, æмæ дæ цæрæнбон бирæ! Ардыгæй хосдонмæ дыу- уын къахдзæфы йеддæмæ куы нæу. Уый онг къуыбар цы уыд, афтæмæй чи нæ фæхæццæ кодта, уый хицауады закъæттæ рас- тæй æрхæццæ кæндзæн мах онг? Искуы ма фехъуыстат, адæм, ахæм хабар, иу мæй дæр нæма рацыд, фиддон куы бафыстон, уæ- дæй. Абон та мæм æрбацыд, æхца, дам, рахæсс, нæ, дам, бафыстай! - Уæдæ афтæ, нæ? - бынтон сæрра ис Тъантъле. - Æз халын хицауады закъæттæ, нæ? Уый фендзыстæм, чи нæ у закъоны ныхмæ! - фæзылд æмæ каудуарæй феддæ ис. Сыхы лæгтæ ныххудтысты. - Йæ хъул сах нал абадти ацы хатт, - загъта Соло худгæйæ. Лæгты Батъонкъа хæдзармæ бакодта æмæ минасы фынгыл рабадтысты. «Къутъи дзул» афтæ срасыг æмæ йæ быныбынтон ферох, йæ «дзмакъац» Тъантъле «æнæпъахмел» кæй баззад, уый. Æртыккаг бон районæй дыууæ милиционеры ссыдысты æмæ Батъонкъайы акодтой... Тъантъле йæ хъуыддаг арæзта - цыди хæдзари-хæдзар æмæ фиддонтæ æмбырд кодта - кæмæй - дыууæ хатты, кæмæй - æртæ хатты. Чи-иу æй фæхуыдта, уымæй æхца нал иста. Расыгæй-иу тымбыл къухæй йæ риу хоста: «Æз хицауады закъон халын мæ фыдæн дæр нæ ныббардзынæн!..» Батъонкъа фараст мæйы фæстæ ’рыздæхт ахæстонæй. Сыгъдæг царм æмæ ма стджытæ уыд, йæ раззаг дæндæгтæй йæ дзыхы ницыуал баззад... Бинонтæ ахæм цинæй сæмбæлдысты се сæфт дарæгыл, цы- ма мæрдтæй æрыздæхт. (Йæ мад йе грцыдмæ нал бафæрæзта мастæн.] Иæхæдæг ницыдæр цинæй æвдыста, ницыдæр - хъыгæй. " Уаеддæр цы уыд, цæй тыххæй дæ фæдардтой зындоны? - йæ каис æй бафарста. Уый йæ сæр батылдта:
- Хæйрæг - йæ зонæг! Цы йын æмбарын?.. Ууыл фæци йæ дзуапп: кæм уыд, цы уавæрты, цæй тыххæй - иу сыбыртт дæр нал скодта. Бамбæрстой йæ - зын ын уыд уыцы хабæрттыл дзурын, æмæ йæ ныууагътой. Ахæстоны уыцы фараст мæйы афтæ раивтой лæджы, æмæ йæ адæймаг нал базыдтаид. Тынг æрæгмæ æрцыд йе ’муд, фæлæ йе ’нæниздзинад йæ гаччы нал æмæ нал бадт. Арæх-иу йæ астæу афтæ срыст, æмæ фырдудгæбонæй йæ былтæ ’хсыдта. Уæддæр куыста, хыбыр-хыбыр кодта æмæ йæ уды хъæдгæмт- тæ, йæ буары рыстытæ æмбæхста. Фæлæ йæ мидæгæй цыдæр æдзух æхсыдта, æнцой йын нæ лæвæрдта. Бон-иу баизæр афтæ æмæ йæ дзыхæй дыууæ ныхасы фæдфæдыл нал схаудтаид. Раздæр та... Раздæр куыд хъæлдзæг, цæлуарзаг уыд! Йæ цуры бадынæй не ’ фсæстысты хъæубæстæ. Ныр цыма алцыдæр тынг раджы заманы уыд... Уыцы сæрд æй мусы хъахъхъæнæгæй баурæдтой. Ахæм зын бонтæ бавзарыны фæстæ йæ фынæй фесæфт. Æхсæв-иу фыц- цаг æрцъындæн иу чысыл тæрхъусы фынæйæ афынæй, стæй сбонмæ йæ цæстыл цъынд нал хæцыд. Хъахъхъæнæгæй йæ кæй баурæдтой, уый йын æхсызгон дæр ма уыд - хуыссæг мыл нал хæцы, æмæ йæ зонгæ уæддæр кæндзынæн, цæй тыххæй сæттын æнæхуыссæг æхсæвтæ. Æмбалæн ын Æнгузыхызыны равзæрс- той. Æнгузыхызын фынæйгæнаг уыд, фæлæ фæсахсæвæртæм уæддæр ирхæфста йе ’мбалы. Стæй-иу цъынайыл йæ сæр æрæ- вæрдта æмæ-иу адджын хуыр-хуыр сифтыгъта. Батъонкъа та райсоммæ хоры кæриты алыварс зылд, куы-иу бафæллад, уæд та-иу истæуыл æрбадт. Август тынг тæвд уыд уыцы аз. Бонæй бæстæ сыгъди, цъæх арт уагъта. Æхсæв-иу уæлдæф фæсатæгдæр. Батъонкъа, йæ уæхсчытыл йæ зæронд кæрц, афтæмæй лæууыд кæрийы цур æмæ арвмæ каст. Мæй мигътимæ, куырмæмбæхстытæй хъазæ- гау, куы рухс дардта зæхмæ, куы та-иу аталынг. Æнгузыхызын хуыррытт фынæй скъæрдта, æмæ йæ фындзæй цымæ æхситт кодта, ахæм уынæр дзы хъуыст. Батъонкъа фалдæр ацыд æмæ зæронд асыккыл æрбадт. Бадгæ-бадын ын йæ астæуы цыма хъа- ма ныссагъдæуыд, ^ахæм рыст ын скодта. Кæрцы йæхи стыхта æмæ стымбылтæ. Йæ астæу-иу куы срысти, уæд-иу йæ цæсты раз мартъы уыцы æнæрайы бон раудæгас. Ахастой-иу æй хъуы- дытæ уыцы зындоны фæндагыл, бакодтой-иу æй смаггæнаг
ныккæндмæ. Цементын астæрдыл, чъизи æмæ быроны бадгæ ахæстæтты фарсмæ йæ æрбадын кодтой æмæ... Ссыгъди-иу йе рагъ. Срыстысты-иу йæ раззаг, æнæдæндаг мылытæ... > «Кæй тыххæй сæттын ме ’хсæвтæ?.. Кæмæн фыдæбон кæ- йын?.. Чи хæры мæ хидæй конд кæрдзын?.. Тъантъле, сæрхъæн Тъантъле æмæ ноджы ахæм дурзæрдæ, дыкъахыг сырдтæ, уым мæ чи надта... Ацы къухтæй конд кæрдзын хæрынц æмæ ма мæ нæмгæ дæр кæнынц. Ницæй тыххæй дæ нæмынц, дæ дæндæгтæ дын згъалынц, ды афтæ цæмæн загътай, уфтæ цæмæннæ загъ- тай... Тъантълейы хуызæттæ дын зонд амонынц...» Бирæ рæстæг фæбадти афтæ æдзæмæй. Йæ хъуыдытæ мину- тæй-минутмæ ивтой кæрæдзи. Стæй фестад, йæ кæрц феппæрста æмæ йæ хæдон раласта. Йæ хæлафы дзыппы бæттæн ацагуырд- та, хæдоны хъуыр дзы ’рбабаста, йæ дыстæ дæр ын балхынцъ кодта æмæ йæ мæнæуæй байдзаг кодта... Фæсахсæвæртæй хызт уыд. Мæй йæхи бафснайдта, талынг уыд, фæлæ йæ йæ къæхтæ æнæфæрæдигæ скъæфтой хæдза- ^ырдæм. Кауы дуары онг куы бахæццæ, уæд цæхгæр æрлæууыд. Иæ къах айсын йæ бон нал баци. Яæууъщ дурдзавдæй. Зæрдæ хъуырмæ схæццæ ис. Афтæ тагъд куыста æмæ йæ гуыпп-гуыпп йæхимæ хъуыст. Туг къæмисæнтæм цавта æмæ цæстытæ тары- тæ кодтой. Хызынбаст хæдоны цы мæнæу уыд, уый дыууæ къухæй йæ риумæ балхъывдта æмæ афтæ уæззау уыд, цыма фондз-æхсæз къило нæ, фæлæ æнæхъæн тоннæ йæ риуыл уæз кодта. «Дæ цæсгом бахæр, Батъонкъа, уый цы бакодтай, гормон!» - цыма йын чидæр йæ хъусты бадзырдта... Йæ хуылфы цыма тæвд цæхæр аирвæзт, афтæ ссыгъди æгасæй йæ буар. Фæстæмæ фез- дæхт æмæ йæ тых, йæ бонæй атындзыдта мусы ’рдæм. Лæнк- лæнкгæнгæ бахæццæ ис кæримæ, йæ зонгуытыл æрхаудта æмæ хæдоны хъуыр феуæгъд кодта. Лæууыд афтæ йæ зонгуытыл, йæ цæнгтæ мæнæуы кæрийы мидæг, йæ цæсгомæй хиды æртæхтæ мæнæуыл тагъдысты... Кæд æмæ кæд æрæмбæрста йæхи, стæй сыстад. Хæдонæй йæ цæсгом асæрфта æмæ сæрибарæй сулæфыд... Æнгузыхызын, йæ сæр цъынайыл æвæрд, афтæмæй хуыррытт фынæй кæны...
ХЪУС&ЕЮЖ<Ь1911Ж \ Мæхи куы базыдтон, уæдæй фæстæмæ Габаты Любæ ас^ тæукъæдзæй цыди. Чысылæй, стырæй, хионæй, æддагонæй йæ Любæ-нана хуыдтой. Зæронд уыди, тынг зæронд Любæ-нана(, фæлæ стæм хатт рынчын кодта. Сыгъдæджытæуарзаг, уæздан сылгоймагæй йæ зыдтой адæм. Алыхатт дæр - æхсад, итувæрд сау къаба æмæ цъæх тæппытæ къандзол дардта, йæ сæрыл та - тархуыз кæлмæрзæн фæстæмæ бастæй. Бирæ зæрæдтау æнцъылд цæсгом нæ уыд. Йæ пух рустæ сæр- дæй, зымæгæй сырх-сырхидæй æрттывтой. Мæ фыды æфсы- мæры ус Ацырухсæн ацы хабар масты хосы фаг уыд. Йæхæдæг дæр рæсугъд - асæй æмæ уæнгты кондæй, фæлæ, æхсырау, фæлурсдзæсгом уыд, æмæ-иу йæ даргъ дзыккутæ куы фаста, кæсæнмæ кæсгæйæ, уæд-иу зæрдæрисгæйæ дзырдта: «Ай диссаг нæу, уæдæ, хæрдцух нæ дæн, нуæзтцух нæ дæн, уæддæр мæ хуызы мур нæй. Любæ-нанайы цахъхъæн а бæстыл дур нал ис, æмæ ма йæм бакæсут, йæ уадултæ, куадзæны айкау - сырх-сырхид! Хæ- лæг æм нæ кæнын, фæлæ йæ ма зæгъон уæдæ?..». Ацырухс Любæ-нанайæн йæхицæн дæр рахъаст кодта йæ зæрдæйы рис, фæлæ зæронд усмæ хъыг нæ фæкаст, йæ мидбыл дæр ма бахудт æмæ йын йæ зæрдæ бадзæбæх кодта: - Сылгоймаг, дæуау, уæзданхуызæй фидауы, дæ хуызæн рæ- сугъд куы уыдаин, уæд ма мæ идæдзæй дæр исчи самондджын кодтаид, мæ чызг... Фæлмæнзæрдæ сылгоймаг уыд Любæ-нана, æнæхъыгдард, хæларзæрдæ. Фæстаг рæстæджыты микæнынтæн нал уыд. Тых- тæ дæр куыд нæ ихсийынц, æмæ-иу фылдæр бадгæ, кæнæ хуыс- гæ кодта. Хурбонты-иу уынгмæ рацыд, кауы цур цы даргъ бан- донгонд уыд, ууыл-иу æрбадт æмæ, дæлæмæ-уæлæмæ цæу- джытæм кæсгæйæ, йæхи ирхæфста. Кæд ын-иу салам радтой, уæд-иу сын, хи хъæбулæн куыд раарфæ кæнай, афтæ зæрдиаг арфæтæ райдыдта: «Хуыцау дын цард æмæ бонтæ раттæд, дæ нывонд фон, даргъ, уæрæх ацу, дæ хурæй бафсæдæнт...». Салам раттæг-иу йæ фæндагыл цыд, Лю- бæ-нана та-иу йæ арфæтæ нывæста. Ацы адджын, зæрдиаг ны- хæстæ æнæдæндаг зæронд усы дзыхæй хъарм уылæнтæй йæ фæстæ згъорстой, йæ зæрдæйыуаг ын хуыздæр кодтой æмæ
йыл цыдæр хъæлдзæгдзинад æфтыдтой. Цас стыр хорзæх уыды- сты зæронд усы арфæтæ, фæлæ адæймаджы зæрдæ ссарынæн бирæ хъæуы, цы?! Иу адджын ныхас дын цард дзæнæты хуызы равдисдзæн, иунæг хъылма ныхас та дæ химарынмæ æркæндзæн. Уый ничи хъуыды кæны, æмæ Любæ-нана искуы искæй фæ- хъыг кодта. Цыфæнды мæстыйæ дæр дзы хъæрæй ныхас нæ сирвæзтаид. Æдзухæй йæхи афтæ æвдыста, цыма тынг разы уыд йæ хъысмæтæй, йæ байзæддагæй, йæ цардæй. Сыхы усты- тæй иуæй-иутæ хатт фæсфæд хынджылæг кодтой зæронд усæй, уымæн æмæ Любæ-нанайæн йæ хъæбултæ иууылдæр «зонд- джынтæ, æгъдауджынтæ, рæсугъдтæ, коммæгæстæ уыдысты». Æгæрыстæмæй, йæ астæуккаг фырты лæппу Шурик дæр, афтæ кæмæй дзырдтой «морфинист», дам, у æмæ къæрныхы тыххæй æртæ хатты фæбадт ахæстоны, уыцы Шурик дæр. Бинонтæ- иу Любæ-нанайæн куы загътой: «Ноджы та æрцахстой уыцы мæлинаджы, уыцы мыггаг худинаггæнæджы», зæгъгæ, уæд-иу зæронд ус бадиссæгтæ кодта. Уæддæр-иу ссардта æфсон, цæмæй сраст кодтаид йæ хъæбулы: «Чидæр мын æй фæрæдийын кодта, æндæра мæнæн ахæм ми никуы бакодтаид, нæ, нæ, уæд мæ Хуы- цау амарæд... Нæ-æ, мæ мæрдты цæсгомыстæн, Шурик æвзæр- дзинад куыд хъуамæ бакæна, цы йын нæ фаг кæны?..». Любæ-нанайæн кæд ацы мыггаг худинаггæнæг Шуричы æв- зæр митæ нымады нæ уыдысты, уæд иннæ хъæбултæй æмæ сæ байзæддагæй, æцæгдæр, ницы маст зыдта хæдзаргæнæг зæронд мад. Астæй сæ схъомыл кодта - цыппар лæппу æмæ цыппар чыз- джы. Ныр сæ алкæмæн сæ цард арæзт уыд, æдбинонтæ сæ чи сæ фыды уæзæгыл цард, чи та æндæр æмæ æндæр горæтты. Раст зæгъгæйæ, цæргæ хорз кодтой, фæлæ сæ астæй иу дæр йæ ный- йарджыты нæ бафæзмыдта - аст сывæллоны сæ иуæн дæр нæ уыд. Цæй астытæ дзурын, фыццаг зæнæг сæ лæппу кæмæн фæци, уый, йæ мыггаг фылдæр кæныны бæсты мулктымбыл кæныныл ныххæцыд æмæ уыйæппæт бынтæ скодта йæ иунæгæн, æмæ кæд афтæ иугæйттæ уыдаиккой йæ байзæддаг, уæд сын мыггагмæ- йы фаг дæр суыдаиккой сæ фыдæлты бынтæ. Фыццаг сæ чызг кæмæн рацыд, дыгай æмæ сæ æртыгай сы- вæллæттæ æрмæст уыдонæн уыд. Фыды бынтæ, дам, лæппуйæн хъуамæ баззайой, фыды артдзæсты, дам, æнæмæнг фырт хъуа-
мæ уа. Дыккаг æмæ сыл æртыккаг сывæллон дæр уымæн баф- тыд - лæппу нын кæд уаид, зæгъгæ. Цыппар хо æмæ цыппар æфсымæрæй æрмæст се ’ппæты кæстæр Габойæн уыд цып- пар сывæллоны. Йæ удыхай йын æртыккаг хатт дæр чызг куы балæвар кодта, уæд уыцы бон фырмæстæй «такси» ахæм æрра скъæрд кодта, æмæ чысыл ма бахъуыд æстайаздзыд Темлайы æнæрæстæджы мæрдтæм барвита. «Таксийыл» кусын-иу йæ рад куынæ уыд, уæд-иу райсомæй изæрмæ «биржæйыл» баззад, хæ- дзары йæ зæрдæ нал рад. - Иу сиахс та дыл бафтыд нæ, Габо? - ибон хуыцаубоны йæ фелхыскъ кодта йе ’мбал Тути. - Сиахсы мад æмæ фыдæн!.. Цытæ дзурыс, цалынмæ лæппу нæ уа, уæдмæ фæнды дæс чызджы бауæд, уæддæр нæй!.. Мæ туг сиахсы тыххæй фæкалдтон? Кæйдæр мыггаджы тыххæй бахорд- тон æхсæвæй, бонæй мæхи? Мæ тугвæллой искæмæн уадзын? Куыннæ, стæй! - йæ пырх калдта Габо æмæ шофыртæ худæгæй мардысты. - Афтæ, Габо, афтæ! Дзабырхуыйæг Пъапъаша дыл хъуамæ фæтых уа, дæлдæр макуы фæуай... Дзуттаг Пъапъаша базары ныццæуæны дзабырцалцæггæнæн «будкæйы» куыста, æмæ кæд бакастæй æнæзæрдæмæдзæугæ уыд, уæддæр æхсæз фыры хъулы хуызæн фырты хицауæн цы дæ зæрды зæгъын уыд! Дисæн æй хастой иууылдæр йæ лæппуты тыххæй, фæлæ дзы диссагæй уыйбæрц ницы уыд. Йæ ус Пашайы чызг хъуыди æмæ йын Хуыцау фыддæрадæн лæппутæ лæвæрдта. Гъо, æмæ ныр ацы Пъапъашайæ мæстæй мардтой, æнæуыйдæр, мæстджын Габойы. Йæ фыртыхстæй нал æмбæрста, хынджылæг дзы кæй кæнынц йе ’мгæрттæ, æмæ, чи нæма райгуырд, уыцы си- ахсы æлгъыста: - Уый ма мын нæ фаг кæны - кæйдæр куыдзы фыртæн бынтæ кæнон! - йæ маст калдта Габо æмæ йæ хъуыды нæ ахста, кæд сиахс кæйдæр «куыдзы фырт» уыд, кæйдæр мыггаг, уæд йæхи чызг дæр искæй тугæй уыд? Æниу ыл куы ахъуыды кодтаид, уæддæр йæ зондахаст нæ аивтаид. Афтæ фидарæй йæ уырныдта, æнæмæнг мын хъуамæ лæппу уа, зæгъгæ, æмæ йæ тагъд рæстæджы фецæг кодта. Иæ ’ртыккаг чызг нырма къахæй тыхæйты цыд, афтæ йын йё ’мкъай - хъуарийы хуызæн хус æмæ ’взалыйау сау Луизæ -
лæппу ныййардта! Уымæй дæр авдмæйдзыдæй, ома, мæ сæры- хицау фараст мæйы æнхъæлмæ кæсынæй исты куы кæна. Гъо, æмæ уыцы талф-тулфæй æмæ тыхмитæй гуырд сæрджын Гамлет, астæуккаг скъола фæуыныл дæс азы бæсты цыппæрдæс азы чи бахъуыд, уæлдæр ахуырмæ та ныр ’хсæз азы дæтты фæл- варæнтæ æмæ нырма дæр нæ бахаудта, фæлæ йын Любæ-на- найы байзæддаджы нымæцмæ цынæ бахæсгæ ис. Æмæ уæд Лю- бæ-нанайæн аст сывæллонæй фынддæс байзæддаджы уыдис. Æнусмæ ’ввахс кæуыл цыди, уыцы сылгоймагæн кæуджыты ахæм нымæц æгæр цъус дæр уыди, - кæдмæ ма йæ бауагътаид мæлæт? Иу-æртæ азы размæ дæр ыл удхæссæг йæ арм æрхаста - афон, дам, дын у... Гъе, уæд, цин дын фенон, се уоны мигъ бацыд Любæ-нанайы сывæллæттæн. Иууылдæр æрæмбырд сты сæ фыды артдзæстмæ. Æрцыдысты чызджытæ сæ сæрыхицæуттæ, сæ сывæллæттимæ. Лæппутæ дæр афтæ, чи йæхи сæрмагонд машинæйыл, чи - курæг- гагыл, æрластой семæ хæрд, нозт æмæ дыууæ боны æмæ дыууæ ’хсæвы, минасгæнгæ, фæбадтысты рынчыны цур. Æрмæст Гоги никуыцæй зынд. Дард Норильскы куыста. Кæд æрхæццæ уы- даид, кæнæ цæугæ дæр ракодтаид? Ныр фондз азы «фæцæуын- фæцæуын» фыста йæ мад æмæ йæ фыдмæ, фæлæ никуы æмæ ницы. Æмæ Любæ-нана та, æвдисгæ йæ нæ кодта, фæлæ Гогийы се ’ннæтæй фылдæр уарзта. Æгæнон уыд чысылæй Гоги, хæдзар- иу йæ сæрыл систа, фæлæ йæм Любæ-нанайы æфсæрмæй йæ къух ничи фæхъил кодтаид. - Фæнды мæн фæнæмут, фæнды - сывæллоны! - загътаид Любæ-нана æмæ фæци! Нæмынæй ирвæзт уыди лæппу Уыцы уæззау фæрынчыны рæстæджы иууылдæр йæ уæлхъус куы балæууыдысты, уæд сыл йæ цæст ахаста зæронд мад æмæ хауд хъæлæсæй афарста: - Мæ абырæг лæппу та кæм и?.. Æмæ Гогийы фыд Ясон дыккаг тел арвыста Норильскмæ: «Де стыр мад фæзиан, хæццæ кæн!» Гоги фыццаг тел куы райста, уæд уадидæгæн ратахт, фæлæ схъызыд æмæ иу бон аэропорты фæбадт. Æртыккаг бон куы ’ртах- ти æмæ сæ кæрты сæхиуæтты тымбылæй куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ суынгæг: «Байрæджы кодтон...», - загъта йæхинымæры.
Куыддæр машинæйæ рахызт; афтæ йыл ныттымбыл сты чы- сылæй, стырæй; пъатæ æмæ йæ хъæбыстæй схурх кодтой. - Æрцыдтæ; дæ сæрыл мæ ’рхæсса Хуыцау; дæ уарзон Любæ- нанайæн ма йæ удæй дæ хай цæры; - йе ’фцæджы атыхст Гоги- йæн йæ фыдыхо Уардис. Дыууæ базы йæ нывæрзæн, афтæмæй, сынтæгыл бадæгау хуыссыд Любæ-нана. Гоги йыл куы ныттыхст æмæ йын куы ныпъпъатæ кодта; уæд зæронд усы хъарм цæссыгæй йæ рустæ сумæл сты. - Дæ нывонд фон дæуæн; мæ абырæг; дæ нывонд... Æнæдæу фенгæйæ, ацæуын мын тынг зын уыд; хъæбул; - йæ хъусы йын ныллæг хъæлæсæй дзырдта Любæ-нана æмæ йын йæ фæсонтæ йæ лæмæгъ къухтæй даудта. - Кæдæм цæуынвæнд скодтай; мæхи Любæ-нана; нырма дын цы афон у?.. Мæ ныхас дын сæххæст кодтон... - Цы ныхас; хъæбул; куыницы хъуыды кæнын? - ныллæг хъæлæсæй та афарста лæппуйы. Гоги йæ риуы дзыпмæ нывнæлдта... ...Раджы; тынг раджы; Гоги ма уæд фæндзæм къласы ахуыр кодта; географийы ахуыргæнæг ын «дыууæ» нывæрдта. Фæхъыг лæппу æмæ дыккаг бон къласæй уыцы иунæг бызгъуыртæ кар- тæ фæтары. Æнæхъæн дыууæ къуырийы дæргъы ахуыргæнæг уæгъды фæхаста йæ урокмæ, картæмæ-иу цы лæдзæгæй амыд- та; уый. Бирæ фертхъирæнтæ кодта ахуыргæнæг Гогимæ; дæуы йеддæмæ ничи ахаста уыцы картæ, æмæ йæ 'рхæсс; зæгъгæ, фæ- лæ кæм састи æгæнон лæппу. Æндæр гæнæн нал уыд ахуыр- гæнæгæн æмæ Гогитæм хæдзармæ бацыд. Йæ мад ын йæ га- лиу ми куы базыдта, уæд; æвæццæгæн; лæппу æнæ надæй нæ аирвæзтаид; фæлæ уæдмæ Любæ-нана кæцæйдæр фæзынд æмæ хъуыддаг æнæ хылæй ахицæн. Дыккаг райсом картæ ауыгъдæй йæ бынаты баййæфтой ахуырдзаутæ... - Цы хæйрæджытæ дæ бацардыдтой? Исчи ма ахæм зæды хуызæн рæсугъд усы мæстæй мары? Иу усы аргъ æрмæст йæ хъусцæджытæ дæр сты. Куыд тынг фидыдтой йæ урс-урсид хъустыл! Мæ чызгон бонтæй фæстæмæ ахæм пуртигонд хъус- цæджытæм мæ былты цъæрттæ 'хсыдтон; фæлæ мын чи бал- хæдтаид? Ног чындзæй дæр никуы ской кодтон уыцы мæгуы- рæн. Цæмæй мын хъуамæ балхæдтаид, цы нæм уыд? Зæгъын, уæгъды ма йын йæ зæрдæ цæуыл фæриссын кæнон...
- Æз дын балхæндзынæн, Любæ-нана!.. Фендзынæ, кæддæра дын нæ балхæнон! - Дæ нывонд мæ сæр, хъæбул, цæмæн ма мæ хъæуынц, ныр зæронд куы дæн... Ацы хабар Любæ-нанайæ раджы ферох... - Хъусцæджытæ, Любæ-нана, пуртигонд хъусцæджытæ дын куы баныфсæвæрдтон. Гогийы армытъæпæны сыгъзæрин хъусцæджытæ æрттывтой. Зæронд усæн йæ роцъо зыр-зыр райдыдта, лæппуйы армы- тъæпæн йæ риумæ балхъывта. - Мæ зæрдæдарæн, мæ зæндджын лæппу, - фырцинæй йæ ны- хас хæрз гæзæмæ хъуыст. Зæронд усæн цыма хъусцæджытæ нæ, фæлæ æвдадзы хос æрбахаста йæ фырты фырт, уыйау радзæбæх. Чысыл рæстæджы фæстæ йæ уаты рабадти æмæ райгæ цæсгомæй касти йæ бай- зæддагмæ. - Де ’рцыд ын хорзæн уæд, Гоги. Ай цæй сыгъзæрин къах æрбавæрдтай, лæппу? Мæ усы мадæн, ауромицинау, фæхос дæ!.. Гогийы ныхæн ахъаззаг ныпъпъа кодта йæ фыдыхо Ленайы лæг Пыцыкк. Æдзух анцъухынæн æфсон агуырдта æмæ йæ усмæ йæ цæстытæ базылдта: - Фынгмæ исты æрхæссут æмæ нæхи Сатанайæн акувæм. Мæнæ нын мæрдтæй куы ’рыздæхти, уæ хæдзарылæй! - Цы пайда ма уыд мæ ’рыздæхт? - цыдæр æфсæрмдзæстæй бакодта Любæ-нана. - Фаг фæцардтæн, цæуын мæ хъæуы ныр Лексомæ. - Джигар, чи дæ нæ уадзы, уый ма мын зæгъ, æмæ йыл ахæм бон акæндзæн, йæ ныййарæг мад дæр æй куыднæуал базона, - æнæфсæрмæй худгæ загъта Шурик. Ие ’нæрхъуыды хынджылæг ныхасыл ын нырма æмхуызон ныххудтысты, стæй йæм сæ уайдзæфæйдзаг цæстытæ базылд- той. Любæ-нана йæхи афтæ равдыста, цыма «Къинтойы» дæл- гоммæ ныхас дзæбæх нæ бамбæрста. Шуричы «къинто» хуыдта зæронд ус, йæ пенсийы ’хцатæ-иу ын хъазгæ-худгæйæ кæй асайд- та, уымæн. Хъæлдзæг, райгæ бинонтыл йæ цæстæнгас куы ахаста Любæ- нана, уæд йæ хистæр чызг - стайаздзыд Даройæн афтæ:
- Даро, мæ дзаумæттæ мыл баппар æмæ мæ фынджы цурмæ бакæн. Уемæ мæ фæнды бахæрын. Уайтагъд ын акодтой чызджытæ йæ къаба. Гоги йын цы хъусцæджытæ ’рхаста, уыдон та йын йæ хъустыл æрцауыгътой æмæ йæ фынджы сæр фæлмæн базыл æрæвæрдтой. Иннæтæ дæр чысылæй, стырæй фынджы фарсмæ рабадтысты æмæ сын цæрæнбонты мысынæн баззад, ахæм адджын рæстæг арвы- стой, тых æмæ фыдтæй иумæ цы иу фыды цæуæт æрæмбырд, уыдон. Бирæ фæхудтысты, фæзарыдысты, стæй сæ алчи дæр йæ хæдзармæ цæуыны кой бакодта... Уæдæй фæстæмæ Любæ-нана йæ байзæддаджы нал батыхсын кодта, цалынмæ йæм йæ мæгуыр сæрыхицау «фæсидт», уæдмæ. Кæм уыд цымæ æнæхъæн æхсай азы дæргъы мæгуыр Лексо- йы уд? Иу хатт цæмæннæ искуы равдыста йæхи йæ идæдз æмкъайæн, аст æнахъом даринаджы йын йе ’вджид куы ныу- уагъта, уæд? Чи йæ зоны, цал æмæ цал хатты батæхуды кодта йæ тыхсты бонты сидзæргæс сылгоймаг йæ моймæ: «Тæхуды, нæ лæг, дæуæй фест... Тæхуды, дæ бæсты æз куы хуыссин сыджыты, æнцад-æнцойæ... Ныр цы бахæрын кæнон мæ сидзæртæн, куыд уынгæджы бон мыл æркодта...». Фæлæ уæгъды нæ фæкæнынц - «Адæймаг, дам, дурæй фидар- дæр у». Быхста, фæрæзта идæдз ус. Нæдæр хъæбæрсæрстытæй уыд, нæдæр йæ удæй арт уагъта, уæддæр куыддæртæй схъомыл кодта йæ сывæллæтты. Куы йын фырæххормаг уыдысты, куы фырæфсæст, фæлæ сæ иу дæр æвзæр фæндагыл нæ ныллæууыд. Чи зоны, сæ мад фыдсыл æмæ хъæбæркъух куы уыдаид, уæд æв- зæрдæр рацыдаиккой, фæлæ, æвæццæгæн, сывæллæттæ касты- сты сæ фæлмæнтæ мады удхармæ, æмæ цæмæй йæ рыст зæрдæ ноджы ма фæрыстаид, уый тыххæй сæ уавæртыл хъæцыдысты. Кæнæ та æрдзæй рахастой быхсын æмæ барыны миниуæг! Афтæ уыд æви уфтæ - аст дæр схъомыл сты, адæмы рæгъы рацыдыс- ты æмæ сæ алчи йæ царды фæндаг ссардта. Зæнæджы кæстæр Габо йæ фыды зæронд хæдзары цур ног хæдзар сарæзта, иннæтæ æндæр рæтты æрцардысты. Ног хæ- дзармæ Любæ-нана нæ акуымдта Габойæн. «Ам мын æнцондæр у, зæрондæн ныллæг хæдзар хуыздæр у, зæхмæ - æввахс», - зæгъ- гæ, æмæ йæм уырдæм кастысты. Стæй фæстагмæ хъуыддаг афтæ
рауад, æмæ Любæ-нанайæн йæ чызджыты кæстæр Залихан йæ фыдыуæзæгмæ æрбаздæхт цæрынмæ. Залиханæн йæ цард нæ фæрæстмæ - йæ лæппуйыл æртæ азы дæр нæма цыд, афтæ йæ лæг Резо Уырысмæ кусынмæ ацыд. Йемæ чи ацыд, уыдон тагъд рæстæджы пайдаимæ ’рыздæхтысты, Резойæн та йæ кой дæр нал райхъуыст. Стæй рахъæр и, цыдæр уырыссаг чызгимæ кæй сбæндæн æмæ, хынджылæгæй цы хъуыддаг райдыдтой, уый фецæг и. Сывæллон дæр сын райгуырд æмæ лæг йæ ног би- нонтимæ цæргæйæ баззад... Залихан æм уæддæр æнхъæлмæ каст, афтæмæй хъомыл код- та йæ лæппуйы æмæ азтæ кæрæдзийы фæстæ згъордтой. Йæ лæппу астæуккаг ахуыр фæци æмæ æндæраз, ногбоны æхсæв, иу горæттаг чызджы сæ хæдзармæ æрбакодта. Йæ цæстыты хаутæ æмæ уæлтъыфылтæ цъæхтæ-буртæ хъулæттæ - æмæ, дам, мамæ, базонгæ у, ай мæ ус у, зæгъгæ! Уый æнхъæл та чи уыд, æмæ Ро- ланд йæ мады æвастæй ахæм ми бакæндзæн, фæлæ хъуыддаг куы ’рцæуы, уæд дзы быхсынæй хуыздæр хос нал вæййы... Айс- та Залихан чындзы æмæ фæсмонгонд фæци: цынæ фæбарста сæ дыууæйæн дæр, уæддæр нæ фидыдтой. Уый дæр сæ ныууагъта æмæ йæхæдæг йæ мадмæ рацыд. Цардысты мад æмæ чызг сæ ра- гон, зæронд хæдзары. Ацы зæронд хæдзар сын ахæм хъарм ахстон уыд, æмæ йæм хъæбулæй, цотæй - иууылдæр барджынæй цыдысты. Ам се ’ппæтæн дæр нæртон фысым уыд мады хъарм зæрдæ. Иумæйаг хæдзары сын алцыдæр иумæйаг уыд. Хæсгæ дæр æм, йæ къух сæ кæй куыд амыдта, афтæ кодтой, æмæ-иу дзы чи цы æрбаййæф- та, уымæй-иу адджынæн ацаходыдта. Любæ-нана йæ сывæллæттæй лæггад æмæ уарзтцух нæ уыд, фæлæ йын йæ зæры бонты æппæтæй фылдæр Залихан балæггад кодта. Мад дæр иннæтæй тынгдæр ууыл аудыдта, йæ зæрдæ рыст, йæ чызгæн йæ амонд афтæ кæй фæкъуыхцы, ууыл. Йæ сиахсæй- иу уæддæр æвзæр не срæдыд. Цæмæндæр æй фидарæй уырныдта, кæй ’рыздæхтаид. Фæлæ Залихан йæ цард иунæгæй, æнæ удыхайæ, æрвыста æмæ мады зæрдæ къуырма рыст кодта: «Дæ мад амæлæд, мæ чызг, дæ мад... Дæ лæггад, дæ фыдæбонæн дын нæ дæ лæг саргъ кодта, нæ - дæ фырт...», - дзырдта-иу хинымæр.
Залихан йæ маст æддæмæ не ’вдыста. Йе ’фсымæртæ æмæ йæ хоты ныфсæй ныфсджын уыд, фæлæ сæ йæ цуры исчи уыд? Æмæ йæ зæрдæйы тыхст, йæ зæрдæйы сагъæстæ кæимæ адих кодтаид, чи йын фæрог кодтаид йæ уды ристæ? Æрмæст йæ мад... Зæронд, æнæбон уыд, йæхæдæг - фæкæсинаг, уæддæр се ’ппæтæй стырдæр ныфс æмæ зæрдæлæууæн - йе ’намонд чызгæн. За- лихан йæ тыхст, йæ масты кой йæ мадæн никуы кодта - афтæ, æнæдзургæйæ, æмбæрстой кæрæдзи. Мады иунæг ныхас «дæ мад амæлæд» - дæр фаг уыд йæ чызджы зæрдæйы уæззау рыст фæлæууынæн. «Ис мыл мæтгæнæг... Мæ маст, мæ зæрдæйы рис мын йæхимæ чи исы, мæ ныййарæг...» - æрмæст ацы хъуыды дæр цасдæр тых лæвæрдта Залиханæн æмæ йæ ноджы тынгдæр баста йæ мадимæ. Фæстаг рæстæджы мад* æмæ чызг æнæ кæрæдзи нал фæрæз- той. Залихан-иу куыстæй афтæ тагъд кодта хæдзармæ, цыма йæм авдæны баст саби æнхъæлмæ каст. Æнæуый, зæрондæй, сабий°; цы уæлдай уыд - Любæ-нана дæр-иу сабийау æнхъæлмæ каст йæ чызджы æрцыдмæ. Сывæллонау æй иууыл рæвдаугæ кодта За- лихан, фæлæ йæ цасфæнды дæр фæхъахъхъæдтаид, æрдзы за- къоны ныхмæ кæмæн цы йæ бон у: райгуырæм, сырæзæм, ба- зæронд вæййæм æмæ... Уæвгæ, Хуыцау куы зæгъид, æмæ-иу алчидæр зæры бонмæ куы фæцæрид... Любæ-нана уыцы хорз баййæфта, фæлæ уæддæр æрхæццæ йæ адзал... Райсомæй-иу Залихан цалынмæ куыстмæ цыд, уæдмæ-иу йæ мадæн аходæн сцæттæ кодта æмæ-иу ын æй йæ цуры фынгыл æрæвæрдта. Кæд-иу хъал уыд зæронд ус, уæд-иу æй бафæдзæхс- та, бахæр-иу, зæгъгæ, дæ къæбæр хъармæй, кæд - нæ, уæд та-иу дуар йæ фæдыл æнæхъинцъæй ахгæдта. Уыцы райсом хъал уыд Любæ-нана. Уыцы райсом нæ, фæлæ æнæхъæн æхсæв йæ цæст не ’рцъынд кодта. Мардта, æргæвста йæ зæрдæ, уазал хиды мæцыд, фæлæ быхста: «чызг тæригъæд у, куы фæхуыссæгхъæлдзæг уа, уæд сом куыстæн нал сбæздзæн...». Афтæ йыл тухитæй сбон ис æмæ йæ райсомæй фынджы цур архайгæ куы федта, уæд æм бадзырдта: - Цæуыс, чызг? - Мæнæ уал дын дæ аходæн ацæттæ кæнон... - Ницы мæ хъæуы, хъæбул... - тынг лæмæгъ, тыхст хъæлæсæй сфæрæзта ус.
- Циу, цы кодтай, нана? - йæ зæрдæ фæкъæпп кодта Залиха- нæн. Сынтæгмæ бауад, мады цæсгомыл йæ армытъæпæнтæ æр- хаста æмæ йын сæ уазал хид ахуылыдз кодта. - Нана, цы дæм рауад? Цæуылнæ мæ райхъал кодтай? Любæ-нана Залиханы къух йæ риумæ балхъывта: - Тæрсгæ ма кæн, хъæбул... Габомæ бахъæр кæн. Нырма хæ- дзары уыдзæн. Залихан кæугæ азгъордта æмæ Габо æрдæгкæндтытæй, лæнк- лæнкгæнгæ, уатмæ куы ’рбахæццæ, уæд зæронд ус йæ фæстаг уысмтæ нымадта. - Нана! - йæхи йæм баппæрста лæппу. Зæронд ус ма стыр зынтæй базылдта йæ цæстытæ Залиханы ’рдæм æмæ хæрз ныллæг хъæлæсæй сфæрæзта: - Ацы чызг... уæ бæрны... - стæй ны^сабыр... ...Цыдысты сыхæгтæ, хъæубæстæ, хицæттæ мæсæллæй кæ- 4]ынмæ. Цыдысты, сæ хæс фыстой. «Хорз ус уыд, мæрдты дзæнæты бадæд», - æнæзæрдæрисгæ- иу загътой. Сæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд, цæссыгты сæр дæр ма сæ кæй бахъæудзæн, уый. Фæлæ-иу Любæ-нанайы цурæй сæ цæстытæ сырх-сырхидæй рахастой... Зæронд усы мардыл афтæ зæрдиагæй куыдтой йæ чызджытæ, йæ чындзытæ, йæ байзæд- даг, æмæ цыфæнды дæхиуыл хæцыдаис, уæддæр дæ цæссыг нæ баурæдтаис. Залихан марды къухы мыдадзын цырагъ æмæ æртæ сырх ту- маны ныссагъта, афтæ, дам, вæййы. Хæринаггæнæндонмæ куы рацыд, уæд æй Шурик суынгæджы кодта: - Зæли, Любæ-нанайы дзæнæтмæ æнæ гæртамæй дæр бауадз- дзысты. Уыцы ’хцатæ райс æмæ сæ мæнæн радт... - Хуыцау дыл йæ цæхæр ма ныккала, æцæг сæ ма фæбырын кæн, адæм ныл фæхуддзысты - сæ марды, дам, афтидармæй ар- выстой, - ныллæг хъæлæсæй хыл кодта ус. Худгæ нæ, фæлæ... Нырма æнæ адæмы дам-думтæй иу мард дæр Барастыры къæсæрыл нæ балæууыд æмæ Любæ-нанайы дæр афтæмæй куыд ауагътаиккой... Марды цурæй сæ цæстытæ сырхæй чи рахаста, уыцы сыл- гоймæгтæ кæрæдзиимæ сусу-бусу кодтой: - Цы йыл сæхи марынц, цавæр у уæдæ ма кæдмæ цæрын уыд йæ зæрды! - Фыццаг Залиханы æмкусæг Земæ акъуырдта йæ былтæ æмæ йæ къухы хæссæн сæрак хызынæй чысыл кæсæн
систа: цæссыг цæсты хауты ахорæн ’рыхсадта æмæ урс сæрст ру- стыл сау тæлмытæй рацыд. - Æ, Зæли, рæхджы баййаф дæ мады! Уый дын мæ дзæбæх арфæ, афтæ сауæнхъызтæй ма уынгмæ куыд ахизон!? Устытæ сæ худын тыхæй урæдтой. - Цæссыджы бын фæкодтой мæгуыр усы, мæрдты йæ дзау- мæттæ хуылыдзæй фæхæсдзæн, - ныллæг хъæлæсæй бадзырд- та сæ бухгалтер. - Ахæм зæрдæхалæн куыд ма никуы федтон зæрондыл. Æп- пын дæм кæуын куынæ цæуа, Залихан дæ уæддæр скæуын кæндзæн. - Ныр зæронд уыд, зæгъгæ, уæд ыл кæуын нал хъæуы? Адæймаг уыд, ныййарæг... - Мæрдджынты фарс рахæцыд зæ- ронд Темла. - Ды дæр дзурыс, мæ мадыхай! Æфсæрм дæр ма дзы хъæуы, худинаг у. - Æнæмæтæй йын загъта Земæ. - Худинаг?.. Мард, дам, цæссыгæй фидауы. Сымахмæ та кæуын худинаг кæсы?.. - зæрдæрисгæ, зырзыргæнгæ хъæлæсæй загъта зæронд ус. - Мардыл кæуын кæй хъæуы, уый та чи нæ зоны, фæлæ алы мард зæрдæсудзгæ кæй нæу, ууыл дзурæм; уæдæ, ибон Тугъан- тæ се ссæдзаздзыд лæппуйы тугхъулæттæй куы бавæрдтой, уы- цы мард æмæ Любæ-нанайы мард иухуызон кæуинаг сты?.. - нал лæууыд Земæ, йæ цæсгом сæрфгæ. - Мæлæтæй Хуыцау алкæй дæр бахизæд, зæронды дæр æмæ æвзонджы дæр. Мæлынæн алчи дæр æвгъау у... Зæронд уд дæр уд у... - хъуырхъуыргæнгæ араст йæ хæдзармæ Темла... Любæ-нанайы цот адæмы дисы æрмæст се стыр фыдох æмæ се ’нæвгъау цæссыгæй нæ бафтыдтой. Мардæвæрæн бон, зæйыскъуыдау, цыдысты æмæ цыдысты адæм, зонгæйæ, æнæ- зонгæйæ. Цыппар хо æмæ цыппар æфсымæрæн сæ хæстæджытæ, сæ хиуæттæ, се ’мкусджытæ, се ’мбæлттæ æмæ уыдон зонгæтæ сæ кæрæдзийы æфсæрмæй ныууагътой сæ куыст, сæ хъуыддæг- тæ æмæ зианджыны хæдзары раз уынгты адæмæй къухбакæнæн нал уыд. Рахастой Любæ-нанайы, йæ разæй йын туджы аргъæй æлхæд сырх-сырхид «гвоздикæты» губаччытæ хастой сывæллæттæ æмæ, дардæй акæсгæйæ, афтæ зынд, цыма дидинджыты цæхæрадо- ныл къæхтæ базад æмæ узгæ-узгæ уæлмæрды ’рдæм фæцæуы.
Марды кæртæй ахизын кодтой адæм, иучысыл йæ фæстæ ауа- дысты, стæй фæстæмæ азæй кодтой æмæ дæргъæй-дæргъмæ цалдæр рæгъы æвæрд фынгыл рабадтысты. Марды фæстæ ма аззадысты æрмæст йæхиуæттæ. Фынгæн хицау хъæуы, æмæ йын хъæуы дзырддзæугæ, кадджын лæг Папелиты Шаликъо- йы равзæрстой. Бирæфенæг æмæ æгъдауджын уыд Шаликъо, нуазгæ дæр хорз кодта, фæлæ ацы хатт «зæронды хистмæ ад- джын къæбæр бахæрыны» фæдыл æрцæуæг адæмæн сæ хъуы- ды фæмæнг кодта. Æдæппæт фондз рæгъы ракуывта. Бауагъта адæмы къæбæр бахæрын, стæй хъæрæй расидти: - Хорз адæм! Фаг фæуæд ацы хæдзары хъыджы фынг æвæ- рынæн, нырæй фæстæмæ сæм куывдтæ, чындзæхсæвтæм цæ- уæм æмæ сæ марды кæй нæ уæй кæнынц, уый тыххæй та сын бузныг зæгъæм! - уый фæстæ йæ худ ныккодта, фынгæй сыстад æмæ йæ хæдзармæ рараст. Фынгылбадджытæ иу уысм ныхъхъус сты, стæй, дымгæйы сыф-сыфау, сæ сусу-бусу айзæлыд: - Сабæттаг, дам, нæ исынц?! Адæм растадысты æмæ сæ хъæр, сæ хъæлæба райхъуыст: - Кæм ма ’рцыд ахæм хабар! - Ардæм хæрынмæ, мыййаг, не ’рцыдыстæм! - Алчи ардæм йæ хæс фидынмæ æрцыд æмæ фидинаг фидын хъæуы!.. Схъомпал сты адæм, нал цæугæ кæнынц, нал - бадгæ. Иутæн сæ зæрдæмæ нæ фæцыд уыцы «ногдзинад». Равæрдтой гæххæтт æмæ фыссæн æмæ номхыгъд аразын райдыдтой. Иннæ- тæм тынг раст дæр ма фæкаст æмæ, зианджынтæн, арфæтæгæн- гæ, сæ хæдзæрттæм цæуыныл фесты. - Кæд сæ зæрды сабæттаг райсын нæ уыд, уæд ма уыцы дар- дыл фынг дæр цæмæн æвæрдтой?! - дис кодтой аннæтæ... - 71 Фькрзъю - фъкЕхрът Уынджы райдианы, дзулуæйгæнæн дуканийы къулгæрон, сы- хы устытæ хуры хъæрммæ бадтысты æмæ ныхас кодтой, мысы- дысты сæ раздæры хорз царды хабæрттæ.
- Нæ уынг адæмæй бæз-бæз кодта, ныр та, изæрмæ дæр куы фæбадай, дæ цуры ничи æрбалæудзæн; - загъта æрхæндæгæй зæронд Гæбæриан. - Бекъуены тута дæр нал рæгъæд кæны; нæ дзыхтæ дзы уæддæр ахуылыдз кæниккам; - стыр тута бæласмæ кæсгæйæ; ба- кодта Вара. - Уый Бекъуены нæ уыд; фæлæ йын ахæм хуыцауыкъахæр- гæвдæг сæры хицау уыдис æмæ; мæнæ аргъæутты куыд фæдзу- рынц; афтæ йæ уæртæ Тыджионы цæхæрадонæй йæхионмæ æр- басайдта; - мидбылхудгæ йæм æрбадзырдта Дуса. - Ды дзы цы нæ зæгъай! Менæуынон фæу кæд бæласы чер- дæм æрбасайдта лæг! - бадис кодта Хадизæт. - Хъусут; æз уын æй радзурон, куыд уыд уыцы хабар; - дзуры Дуса æмæ йæм иннæтæ дæр бацымыдис кодтой. Дуса сегасæй хистæр уыд; бирæ фенæг æмæ дзурынмæ дæр - рæвдз. Ацы бынаты, ныр афтæ æнæхицауæй чи баззад, æмæ бырондон чи сси; уым иурæстæджы цыппар хæдзарæй цар- дысты - Гаглойтæ, Дарбуатæ; Дзерантæ æмæ Харебатæ. Сæ кæрæдзийыл ныхæст чысыл къæстæ сын уыдис, фæлæ, раст зæгъгæйæ, хъæрмудæй цардысты. Мæнæ ацы дуканийы фæстæ, тæккæ фæндаджы былгæрон та, иу хъæдын хæдзары кæддæр хæххон хъæуæй ралидзгæ Къадзты Бæтæ йæ бинонтимæ цар- дис. Рацæй-рабон æмæ, мæнæ ныр Фæскомцæдисы уынг кæй хонынц, уыцы бынаты, Богирийы уæлейæ, сæндæттæ уыд æмæ сæ горæххæстком цæрæнуатæн байуæрста. Ам чи цардис, уыдо- нæн дæр дзы радтой æмæ ацыдысты, самадтой хæдзæрттæ æмæ ныр дæр уым цæрынц. Бæтæ горæты фыст кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ йын нæ радих кодтой зæххы фадыг. Уый дæр хæйрæг лæг куыд нæ уыд, æмæ дын ацы бынат иууылдæр æрæмбонд кодта æмæ ма йæ цæй зæхх хъуыдис. Дардыл уымæн райдыдтон, цыбыртæй уын æй куыд бам- барын кодтаин, куыд дæлдзæхты бырæг разынд Бæтæ. Мæнæ тæрхондоны бæстыхайы бакомкоммæ Тыджионы бинонтæ цар- дысты. Уыдонæн дæр чысыл уыд сæ цæрæн бынат, фæлæ сын хъæуы уыд хæдзар дæр æмæ хуымзæхх дæр æмæ нæ тыхсты- сты. Ам, горæты, сæ сывæллæттæ скъоламæ цыдысты, мад æмæ фыд та хъæуы фос дардтой, сæ зæххытæ куыстой æмæ сæ сы- вæллæттæн алцыдæр уырдыгæй хастой хæлцæй, æндæрæй.
Арæх-иу æруадысты, уæлдайдæр - мад. Иу-дыууæ боны дæр-иу баззадис, зымæгон та къуыригæйтты дæр... Сыхимæ хъæрмудæй цардысты, уæлдайдæр хæдзары æфсин Тыджион, тынг рæдау æмæ кæрдзындæттон уыд, лæггадгæнаг. Бæтæ, ардыгæй чи ацыд, уыцы цæрджыты зæххытæ куы æрæмбонд кодта æмæ сын куы схицау ис, уæд Тыджионты æмæ йæ цæхæрадоны ’хсæн цы æмбонд уыд, уый алы аз хæлдта æмæ та-иу æй ногæй сарæзта. Иухатт та æмбонд хæлдæй æрæййæф-та Тыджион æмæ Бæтæйы ус Бекъуены фæрсы, цæмæн афтæ арæх халут ацы æмбонд, зæгъгæ? Уый дæр йæ уæхсчытæ фæхъил код- та æмæ дисгæнгæ афтæ: «Цæмæй зонын, дæ нывонд фæуон, ацы фыдбоны лæг æй райхалы æмæ та йæ фæстæмæ саразы». Ууыл фæцис сæ ныхас. Бæтæ та-иу æмбонд æфсоны арæзт акодта, цæмæй ногæй аразинаг фæуыдаид. - Дæ мæрдтыстæн, йæ къухтæ йæ хордтой æви æмбонд ара- зыны йеддæмæ æндæр ницыуал зыдта? - йæ цымыдис нал бау- рæдта Хадизæт. - Хъус-ма, хъус: æмбонды цал хæлд æмæ арæзт кодта, афтæ йыл, куыднæ йыл фæзындаид, афтæ уæлæмæ-уæлæмæ хæцыд æмæ дын иу рæсугъд бон мæнæ уыцы тута бæлас Тыджионы цæхæрадоны нал, фæлæ Бæтæйы цæхæрадоны фестад. Æрцыд та Тыджион иу уалдзыгон бон æмæ кæсы - тута Бæтæйы æмбон- дæн мидæгæй лæууы. Худæг уый уыд, Тыджион сыхмæ куыд фæдзырдта. Æрæм- бырд нæ кодта йæ кæрты. Мах æнхъæлæм, хонгæ та нæ кæны, хæбизджынтæ та æрхаста хъæуæй, ай та дын ралæууыд æмбон- ды цур æмæ тутамæ хъæрæй дзуры: - Уæ мæнæ мæ къухæй сагъд тута, Дампъалетæй дæ ме ’ккой куы фæхастон, чысыл тала ма куы уыдтæ, уæд, хъæбулау дæ куы фæхъомыл кодтон. Ныр дæм цы фæхъыг каст, мæнæй цæмæн ахъуызыдтæ, цы цух дæ уагътон, зæгъ-ма мын æй, дæ Хуыцауы тыххæй? Аскъуыдыстæм худæгæй, фæрстæ ныл нал баззад. - Худын хорз у, фæлæ куыд бакæнон æз ныр? - бафарста адæ- мы Тыджион мæстæйдзагæй. - Бахъаст кæн милицимæ, - загъта сыхæгтæй иу - Горæххæсткоммæ хъæуы куырдиат ныффыссын, - бацамыд- та йын иннæ.
Хиды хъус цы зæронд Гарсо цард, уый дын размæ ралæууыд æмæ йын афтæ: - Хъæстытæ æмæ кæрæдзийыл цъыфкалынтæ уæлдай ми- тæ сты, аимæ ницы бакæндзынæ, мæ дзæбæх чындз. Ныууадз æй. Йæ цæсгом уый уæд... Цас гæнæн ын уыд, уыйбæрц атыдта дæ зæххы гæбазæй. Хæдзармæ дæм мидæмæ нал æрбаххæсдзæн йе ’мбонд. Хуыцау уæлейæ кæсы æмæ алцыдæр уыны... Цас æм æмбæлы, уый уæллаг хуыздæр зоны... Ам уыдзыстут æмæ-иу мын мæ ныхæстæ æрымысут. - Аздæхт зæронд лæг йæ хæдзары ’рдæм. Иннæтæ дæр ма цы загътаиккой æмæ, сæ сæртæ тилгæ, фæцыдысты сæ хæдзæрттæм. Тыджион ацы хатт хоныны зæрдыл нал уыд, æмæ йе ’мкъай Харийæн уайдзæфтыл схæцыд, лæгау цæуылнæ бакъуырыс йæ ных ацы фидиссагæн, зæгъгæ? Хари та ахæм сабыр, æнæхин лæг уыд, фысы комæй хал нæ раластаид. Уымæ сыджыты сæрыл дзу- рын æмæ хыл худæг дæр каст. - Уæлæ мын хъæуы цы зæхх ис, ууыл куынæ æххæссын, уæд мæ цы ис ам хыйлаг? - загъта æмæ йæ къух ауыгъта. Уæдæ дын Бæтæ хæдзар амайын дæр куы æрымысид - рай- дыдта дын дур, змис ласын æмæ срæдзагъд кодта, мæнæ сæ нæ уынут?.. Афтæмæй дын, фыргуыстæй уыд æви йæм цы рауад, - лæг æрбарынчын, æруатон æмæ йе ’взаг дæр ныххаудта. Уый диссаг уыд! Богъ кодта æмæ дæндагæй хæцыд йæ усы къухтыл, кæрдзын-иу ын куы хæрын кодта, уæд... Афтæ фæсад, мæгуыр, иу афæдз, стæй амард. Иæ мардыл ын кæуынæй худгæ фылдæр кодтой. Йæ бинонтæй кæуынмæ рæстмæ ничи арæхстис, æмæ йыл Тыджион хъарджытæ кодта, æндæр ничи: «Æ, ныр бафсæд, мæгуыр уа дæ бон, сыджытæй, цæуыл дæхи мардтай, гормон, иууылдæр дын куы баззадысты!», - дардыл-иу айвæзта йæ додой æмæ-иу уæд скуыдтой йæ дыууæ чызджы. Афтæ: ам дæр ын дзæгъæл баззадысты æмæ уым дæр, йæ дыууæ метры сыджыты хай фесæфт: ничи йыл дур сæвæрдта, ничи йыл æмбонд скодта. Кæм ныгæд уыд, уый хæйрæг дæр нал ссардзæн. Чызджытæ кæмдæр Уырысы цæрынц, цæугæ ни- куыуал æркодтой. Бекъуен та, донивылды рæстæджы йын йæ хæдзар куы фæласта æмæ гом арвы бын куы баззад, уæд æй йæ хо хъæумæ акодта æмæ уым амард.
- Зæхх уæддæр куыд диссаг у, Хуыцауы фæндонæй йæхæдæг радта адæймаджы æмæ йæ фæстæмæ йæхи бакæны, - хъуы- дытæгæнгæ загъта Хъоцион. - Афтæ у, мæ хур, сыджытæн стыр химæлвасгæ тых ис, йемæ тохы фæвæййы лæгæн йæ цард. Бæтæйы амæлæты фæстæ Ты- джионы чызг Зарæ ацы зæххæн нæ бахæрын кодта йæ тыхтæ? Цал азы йæ фæкуыста - цыппар æви фондз?Æгæрыстæмæй, уæр- тæ, ардыгæй алидзæг гуырдзиаджы цæхæрадон дæр-иу куыста, цы нæ-иу дзы æрзайын кодта. Æмæ, гъа, кæм ис ныр? Фыргуыстæй йæхи бадомдта, мæгуыр, æмæ æххормагæй амардис уый дæр. Фæстаг аз сынтæджы ныххаудта, йæ хъуыры нал дон хызт, нал - хойраг... Фæсадис афтæ æмæ ма сыгъдæг стджытæ æмæ царм ахаста мæрдтæм. Уымæн дæр, мæ зæрдейæ, йæ ингæныл дойнаг дур дæр ничи сæвæрдта: фесæфт амы бæстæйы дæр æмæ уымы бæстæйы дæр. - Зыд ницæмæй бæззы, уæлдайдæр та зæххæй. Ныр та йæм дæлæ Митта хъавы, будкæ, дам, дзы хъуамæ сæвæрон. Цы мыд сæрст ис ацы бынатыл? Куы йæ чи бакæны йæхи, куы - чи, æмæ та дзы се сæфт ссарынц, - дарддæр кодта Дуса йæ ныхас. - Мæ фыдæй ахæм таурæгъ хъуыды кæнын: иу мæгуыр лæг, дам, растад райсом раджы, цом мæ хуымы гæппæл бахуым кæнон, зæгъгæ. Рацæттæ кодта йæ гутон, сифтыгъта галтæ æмæ хъуыр- хъуыргæнгæ фæцæуы: «Дæлæмæ æрхауæд мæ Хуыцауы хай, мæнæн иу бонгæн зæххы йеддæмæ йæ цæст кæмæн нæ бауарз- та. Цасфæнды куыстæй мæхи ма амарон, уæддæр дзы цы æрзай- дзæн уыйбæрц, бинонты та афæдзæй-афæдзмæ дарын хъæуы...». Уæдмæ дын хур дæр йæ был сдардта, бакаст мæгуыр лæгмæ худгæ, рæвдаугæ: «Дæ куысты бæркад уæд, дæ зæрдæ рухс кæ- нæд, хуымгæнæг лæг... Раджы рабадæг æвæсмон у æмæ цу рай- гондæй». Лæг та, хур скаст, уый йæ хъуыдыйы дæр не ’рцыд. Цыд йæ пырх калгæ, æмæ дын дурыл йæ къах куы скъуырид æмæ та ахъаззаг нылгъыста: «Мæн афтæ æнамондæй чи сфæлдыста, уыцы Хуыцау дæлæмæ æрхауæд, кæд мын алы къахдзæфæн цæлхдуртæ цы æвæры!». Фæтæригъæд кодта хур лæгæн, царды ад кæй нæ хатыд, цард фыдæбонæй кæй фидауы, уый кæй не ’мбæрста, æмæ йæм уахъæзы дзыхæй бадзырдта: «Уæ, мæнæ хорз лæг, райсом цалынмæ æз мæхи рæвдз кæнон, уæдмæ мæм хъæугæрон бан- хъæлмæ кæс. Куыддæр мæ цæст арвыл рарттива, афтæ ме ’мдзу
кæн баизæрмæ, цы дæ бон бауа, уыйбæрц цу быдыры, æмæ дын кæй онг бантыса, уый онг зæхх дæхи уыдзæн, стæй-иу кус дæ зæрдæйы фæндиаг». Лæг исдуг фæджих. Æрлæууыд, аракæс-бакæс кодта æмæ та йын дымгæйы сыр-сыр йæ хъусы уыцы цымыдисон хабар ба- дзырдта. Анкъуыст цадæггай, бахæццæ йæ хуыммæ, фæкуыста, фæлæ уыцы хабар йæ хъуыдыйæ нал афтыд. Изæры æрцыд, фæлæ йыл æнæхъæн æхсæв хуыссæг нал æрхæцыд - кæд сбон уыдзæн, цæмæй хъæугæронмæ атындза. Бон дзир-дзур кодта, афтæ растад йæ сынтæгæй æмæ атын- дзыдта хъæугæронмæ, æнхъæлмæ каст æмæ, куыддæр хур йæ фыццаг тынтæй лæгæн салам радта, афтæ уый дæр «зæдты уæлейæ абад», загъта, бацин кодта æмæ быдырæрдæм лыгъд ратта. Куы-иу афæллад, уæд та тагъд къахдзæфтæй цыд æмæ размæ тындзыдта. Йæ уд йæ хъуырмæ схæццæ, афтæмæй фæс- тæмæ фæкаст - хъæу нал зынд, йæ алыварс, цæст кæдæм æххæст, иууылдæр - быдыр, хуымзæхх... Уæддæр размæ, размæ атын- дзыдта. «Цас - фылдæр, уыйас - хуыздæр», - ахъуыды кодта йæ- хинымæры. Хур та худгæ-рæвдаугæ йæ цыд кодта. Сихорафон арвы астæу иу уысм алæууыд, аулæфыд æмæ æркаст бынмæ, лæгмæ... Уы- мæн та - лæгæн - аулæфын йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд - лыгъди размæ, йæ хид йæ къæхты бынæй лæдæрст, афтæмæй. Бахудти та йæм хур æмæ симгæ-симгæ адарддæр кодта йæ цыд... Изæрмæ бахæццæ йæ улæфæн бынатмæ. Иу каст ма фæкодта дæлæмæ, быдыры кæрон мæлдзыгау, йæ гæндзæхтæ тилгæ лæгмæ, стæй йæ тынтæ йе тары бафснайдта. Хуры цæст кæй нал æрттывта, уый фæхатыд лæг, тыхæйты ма хылд, уæддæр бахъуыр-хъуыр кодта: «Кæдæм тагъд кодтай, гор- мон, чысыл ма...», - æмæ та йæ фæстаг тыхтæй ацархайдта размæ акъахдзæф кæныныл, фæлæ йæ уæрджытæ йæ быны фæдыдагъ сты æмæ зæххыл дæлгоммæ æрхаудта. Уæддæр ма йæ рахиз цонг размæ аппæрста, йæ ныхтæ сыджыты ныссагъта æмæ тыхæйты сæппæрста: «Мæнæ айонг мæн у», - æмæ уый адыл йæ уд систа. Адæймаджы цæст афтæ æнæфсис у, гъе, - балхынцъ кодта йæ дзырд Дуса. - Фырзыд, дам, фыдрын, мæ хур, - уæззаугай загъта Гæбæриан. 2009
ЖФЫЗЪЖХЖН - Иу бакастæй адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма хъæутæ иууылдæр æмхуызон сты. Хæдзæрттæ - иу кæнæ дыууæуæладзы- гон, скъæттæ, хуыдæттæ... Зылын-мылын фæндæгтæ хæдзæрт- ты ’хсæнты. Дыргътæ дæр цыма алкæй цæхæрадоны иу мыг- гаг - фæткъуыйæ, кæрдойæ, члауийæ. Фæлæ уый иу бакастæй. Дзæбæх сыл куы ахæссай дæ цæст, лыстæг сæм куы ’ркæсай, уæд фæхатдзынæ, алы хъæуæн дæр йæхи сæрмагонд равæрд, йæхи сæрмагонд хуыз кæй ис, уый. Фынгыл дыууæйæ бадтысты. Сæ дыууæйæн дæр сæ цæсгæмт- тыл цины уылæн хъазыд. Ныхас кодтой, фылдæр сæ иу - знон горæтæй чи ’рцыд, уый. Иннæ та фысым - хъуыста йе ’фсымæры далум-уалум ныхæстæм æмæ йæ æмбæрста: лæппу фырцинæй афтæ дæрдтыл уымæн зилы, æмæ йын зæгъинаг цы уыд, йæ зæрдæйы цы хъарм, рæсугъд æнкъарæнтæ уыд, уыдон раргом кæнын нæ фæрæзта, исты хуызы сæ равдыстаид, уый йæ къухы не ’фтыд. - Æгæрыстæмæй, адæм иу æвзагыл дзурдзысты, фæлæ уæд- дæр сæ дзырдахаст, сæ ныхасы уаг æндæрхуызон у. Алы хъæуæн дæр сæрмагонд, æрмæст йæхимæ гæсгæ, - йæ рахиз къухы арахъ- хъы сыкъа, галиуæй - æфсымæры уæхскыл узæлы, афтæмæй дарддæр кæны йæ хъуыдытæ Дзамбол. - Сыкъайæн ма фыдæбон кæн æмæ арахъхъ дæ уæлæ ма кал, аназ уал æй æмæ стæй дæ зондджын хъуыдытæ хуыздæр дзурдзынæ, - худгæбылæй йын загъта Вало. - Ссардта мын ног Америкæ! Хъæу хъæу у, раджы мын сгорæттаг дæ, цы?.. Дзамбол йæ райгуырæн хъæуы куы цард, уæд æм цымыдисон æппындæр ницы каст - хъæутæн нæдæр сæ хуыз, нæдæр, кæм куыд дзурынц, уый. Алыбон сæ уыдта, хъуыста, йæ цард семæ æрвыста, æмæ ма дзы цы уыд цымыдисонæй? Ныр рæстæг ра- цыд, хъæу æмæ горæты ’хсæн цы хицæндзинæдтæ ис, уый ирдæй банкъардта æмæ сæ йе ’фсымæрæн афтæ дзырдта, цыма æцæ- гæйдæр ногдзинадыл фæхæст ис. Æмæ дзы ныр йе ’фсымæр кæй хынджылæг кодта, уый йæм æппындæр хъыг нæ фæкаст, æхсызгон дæр ма йын уыд - «йæ раздæры цыргъныхас æмæ худæг зæрдæйы ахаст йæхимæ сты
ацы фырдудгæбæтты рæстæджы дæр æмæ уый хорз у», - ахъуы- ды кодта хинымæры. Æфсымæртæ кæдæй-нырмæ кæрæдзи нал федтой, æмæ ныр дзурынæй нал æфсæстысты. Дысон дæр, фæсахсæвæртæй ахызт, уæддæр ма бадтысты. Ныхас кодтой алы лыстæг, æнæхъæуæг цыдæртыл, æмæ сæ зæрдæты цы хъарм ахаст, уарзондзинад уыд кæрæдзимæ, уый, фæнычы норст цæхæрау, цъусгай лæдæрсти, æмæ цыма хæдзары къуымтæ дæр, дзаумæттæ дæр сæ хуыз скалдтой, радысты æфсымæртыл. Дзамбол кæстæр уыд. Скъола каст куы фæци, уæд горæтмæ ацыд йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ. Институт фæуыны фæстæ йын, йæхи куыд фæндыд, ахæм куыст разынд. Хæдзар самал кæ- ныны фадат дæр ын фæцис, æмæ уым баззад цæргæйæ. Сæрды-иу æрцыд улæфты рæстæджы, фæлæ стæй рæстæг сызмæст æмæ... Вало та хъæуы йæ фыды уæзæгыл царди йæ бинонтимæ. Агроном уæвгæйæ, йæ цард зæххы куыстимæ уыд баст, æмæ уæхскуæзæй архайдта. Хъæуы цæрдхъом хæдзарыл нымад уыд. Йæ фыдæлты хæрзæгъдау æмæ царды фæтк лæгау хъахъхъæд- та. Хъуыста ныр йæ «горæттаг» æфсымæрмæ æмæ йæм худæг каст. Чысылæй фæстæмæ «мадзурайæ» кæй тыдтой, ууыл ныр цæй мæлгъæвзаг баззади, зæгъгæ. Чындз - Валойы бинойнаг та уæдмæ арты цур архайдта. Уай- тагъд æртæ уæливыхы фынгыл æрæвæрдта, зноны хъыбылы фыдæй физонæг дæр сæм бафтыдта æмæ худгæбылæй афарста фынгылбадджыты: - Никæйуал хонут? Афтæ дыууæйæ куы бадут, фæдзырдтаик- кат уе зноны уазджытæм, «пахмел» рацыдаиккой æмæ уын уды- бæстæ уыдаид. - Нæй, чындз, фаг сын уæд, знон мын сæ æнахъола ныхæстæй мæ сæры мæгъзтæ кæй рауагътой. Ныр мæнæ бинонтæ стæм, æмæ адджынæн фæбадæм, фæныхæстæ кæнæм нæ царды ха- бæрттыл. Алцы искæй цур нæ зæгъдзынæ, - загъта Дзамбол йæ чындзæн, æмæ та Валойы ’рдæм фæцис. - Америкæйы, мæ хур, агурын æмæ ссарын нал хъæуы. Уый нæ йæхæдæг æрцагуырдта, ссардта нæ æмæ, кæсыс, цы митæ кæны? - мидбылты худгæ, лæгъзытæгæнгæ, уыцы æлгъысты долларты фæрцы æнæхъæн Гуырдзыстоны йæ дыууæ дзæмбыйы ’хсæн бакодта æмæ йæ
лæмары. Зæххæй, адæмæй сæ, йæхи куыд фæнды, афтæ пайда кæны... Уыдон сын сæ зæхх, сæ дон, се стырдæр заводтæ сæхи бæрны кæнынц, сæ адæм ардæм цæрынмæ цæуынц, адон уыцы ’рдæм сæ уд скъуынынц. Уымæй диссагдæр ма дæ цы хъæуы? Ам сæхимæ сæ зæххытæ бакусын сæ сæрмæ нал хæссынц, лидзынц Америкæмæ æмæ сын уым сæ зæронд устытæн сæ «гаршоктæ» калынц, сæ сабитæм сын зилынц. - Æмæ уырдыгæй сæ бинонтæн доллартæ куы ’рвитынц, - цыдæр дисхуызæй бакодта чындз. - Æз дæр нæ зæгъын, бизнесыл фæхæст сты!.. - бахудт Ва- ло. - Кæд афтæ æгады куыстытæй хæрынц сæ къæбæр, уæд авд хох, авд фурды сæрты кæдæм асхъиудтой уырдæм? Мæнæ мæнау зæххы куыст кæной æмæ сæ бинонтæн худинаджы капеччытæ ма æрвитой, уый хуыздæр нæу? - Хъуыддаг дæр уый мидæг ис, сæ зæрдæ сивтой сæ зæхх, сæ бæстæйыл. Аслам къæбæр агурынц æмæ лидзынц, лидзынц, сæрсæфæн бæстæ дæр уæд, уæддæр - лидзгæ. Уым æнæзонгæ адæмы ’хсæн, æцæгæлон бæстæйы цæмæй сыдæй ма амæлой, уый тыххæй алы куыст дæр сæ сæрмæ хæссынц. Ам та сæ фындзтæ хъилæй дарынц. - Æз та афтæ хатын, æмæ сзыгъуыммæ сты, уазалзæрдæ сис- ты. Хуыцауæй ратгæ стыр амонд - адæмуарзондзинад фесæф- той, - загъта йын Вало. - Дзурыс мын аргъæуттæ. Цы сæм уыдис æмæ цы фесæфтой? Афтæ уыдысты, афтæ сты, - бахудт Дзамбол. - Æмæ се ’мбисонд - сæхи. Мæнмæ ам, мæ хæдзар, мæ би- нонты, мæ хæстæджыты ’хсæн æххормагæй æмæ бæгънæгæй цæрын хуыздæр кæсы, кæмдæр æцæгæлон бæстæйы хъуырмæ сыгъзæринты бадынæй. Цы адæймаг æрмæст ууыл хъуыды кæ- ны, æз иннæтæй æфсæстдæр, хуыздæр конд уон, зæгъгæ, æмæ кæмфæнды дæр цæрон, уымæй ницыуал пайда ис - нæдæр æхсæ- надæн, нæдæр - райгуырæн къуымæн, - балхынцъ та кодта Вало йæ зæгъинаг. - Цæй æхсæнад æмæ цæй райгуырæн къуымы кой кæныс? Уыдон афтæ дæрдтыл куы хъуыды кæниккой, уæд афтæ æдзæл- лагмæ не ’рцыдаиккой. Иутæ сæ хъæлæсæй кæлынц, иннæтæ та цардæн куыницыуал амал ссарынц, уæд фæндзæм уæладзыгæй сæхи раппарынц, кæнæ та сæхи æрцауындзынц. Афтæ сарæх ис
ацы æнамонд хабар æмæ йыл, куыдфæстагмæ ничиуал дæр дис кæны, ничиуал дæр - маст. - Æндæр хуыздæр хъуыды сæ сæрмæ нæ цæуы: кæнæ фæ- сарæнтæм алидз, кæнæ - дæхи амар... Цы зæхх дæ радта, ууыл бакус æмæ дæ къæбæр ссарай. - Æз дын цы дзурын? - йæ ныхас ын айста Дзамбол. - Зæххы къорийыл бæстæ нал баззад Америкæ зондамонæг, цардамонæг кæмæн не сси, афтæмæй та сæхи хъуыддæгтæ аразынц: змæн- тынц æмæ адæмы цæрын нал уадзынц. Доллартæй сайын сын кæм нæ атулы, уым та хæст самайынц - демократи, дам, уæм сæндидза. Ай диссаг нæу? Кæд дæм бахатыдтæн æххуысмæ, кæ- дæм мæм цæуыс æд æфсад, æд хотых? Фæлæ афтæ у: тыхджын, дам, цы нæ кæны æмæ мæгуыр цы нæ быхсы. - Телевизор æрымысæгæн дæр адæмы тæригъæд ма зæгъон, - йæ ныхас баппæрста, нырмæ æмырæй бадæг чындз. - Ахæм цъаммар фильмтæ æвдисынц æмæ хъæуы фæсивæд бынысæфт фесты - чызджытæ æрдæг бæгънæгæй цæуынц, лæппутæ ноз- тыл бафтыдысты. Цæйдæр хъылма дымынц æмæ кусын сæ фæ- сонæрхæджы дæр нæй. Бон изæрмæ уынгты хъеллау кæнынц расгуытæй. Сæ митæ сын хистæртæ сæ цæстмæ бадардтой, уæд та хæдзарæй лидзгæ фæкæнынц. Махмæ æвзæр митæ иу дæр нæ- ма кæны, фæлæ æртæ хъæбулы схъомыл кæнай, æмæ дзы зæры бон дæ цуры иу дæр ма уа... - йæ зæрдæ суынгæг усæн, дзурын йæ бон нал сси, æмæ йæ цæссыг йæ дысæй асæрфта. - Цæуыл дæхи хæрыс? Сæ гуыбын сæ куы схæра, уæд та дæм фæзындзысты, - бахудтис Вало. - Куыднæ, куыднæ... Хистæр фыртæй дæр ахæм ныфсытæ æвæрдтай: «Ахуыр фæуыдзæн æмæ æрцæудзæн». Кæм ис ныр, ахуыр фарон куы фæцис. Амы цардæй йын Мæскуыйы цард хуыз- дæр у æмæ, махмæ зæрондæй фæкæсын кæй хъæуы, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нал ис, æвæццæгæн, - кæуынхъæлæсæй та загъта ус. - Иннæ дыууæйы дæр ахуыры фæндагыл бафтауæм, æмæ мах ам истытæ кæндзыстæм, - басабыр кодта Вало йæ бинойнаджы æмæ ныхас йе ’фсымæрырдæм аздæхта: - Ды уæддæр бæлвыр- дæй ницы дзурыс. Знонæй нырмæ цыдæртæ дæлæ-уæлæ кæныс æмæ дын ницы бамбæрстон: кæдмæ дæ зæрды исуым джиу-джиу кæнын?
- Рацыдтæн æмæ фæцис! Чи мын нæ ракуымдта, уый уым баззад! - йæ сæрыл схæцыд æмæ йе ’фсымæры цæстытæм ба- каст Дзамбол. Уым, уыцы дыууæ æрвхуыз цæсты цыма хур ферт- тывта, цины цæхæртæ акалдтой. Разылд æфсымæры ’рдæм æмæ йыл ныттыхстис. Иу-дыууæ уысмы бæрц кæрæдзийыл сæ цæнгтæ тыхстæй бадтысты. Стæй йæ Вало суагъта, раст та сбадт, сыкъа арахъхъæй айдзаг кодта. - Гъе, Уастырджи, кæм дæ, мæ уд дæ фæхъхъау, ацы рæсугъд боны тыххæй! - анызта йæ æмæ, йæ цины цæссыг куы ’ркалд, уæд æй арахъхъы æфсон фæкодта: - Ацы ус дæр арахъхъ рауадзы æмæ адæймагæн йæ хуылфыдзаума арæдувы... - Нырмæ дæр уыцы арахъхъ къупп кодтай, фæлæ дæ цæссыг никуы æрхауд, - хинæйдзаг каст æм бакодта ус æмæ бахудти. - 0, æмæ Дзамбол, мæ уд дæ низтæ бахæрæд, кæй раздæхтæ дæ фыдæлты уæзæгмæ... Хо æмæ æфсымæры цард фæкодтам æз æмæ ды æмæ амæй фæстæмæ дæр - афтæ. Дæ бинонтæ дæр рацæудзысты, уæдæ, æнæ дæу цы бакæндзысты? - Уый бæсты уæртæ уынгмæ ахиз, искæйты æрбахон, акувой йын, - хъæлдзæгæй йын загъта Вало. Фæндыдис æй, æнæхъæн бæстæ куы базыдтаид, йе ’фсымæр йæ фыды хæдзармæ кæй æрыздæхт. - Фæлæуу... Нæ дæ хъæуы, - уæззаугай бакодта Дзамбол. - Абон афтæ, нæхæдæг, æрмæст нæхæдæг фæбадæм. - Ие ’рцыды сæр цы уыд, уый куы раргом кодта, æмæ ацы хабарыл йе ’фсымæр афтæ кæй цин кæны, уый йын афтæ æхсызгон уыд, æмæ цыма йæ буарыл сæрæй къæхтæм цыдæр хъарм уылæн райвылди. Бадти ацы диссаджы хъармы æмæ йæ нæ фæндыд, исчи йæ фæиппæрд кодтаид ацы адджын уысмтæй. Чындз сыстад, йæ хæдзарон митæ йын чи бакодтаид, æмæ та йæхæдæг бавнæлдта - каркæй, фосæй сæм базилын хъуыд. Æфсымæртæ та бадтысты. Ныр ноджы хуыздæр зæрдæйы хат- тимæ. Нуазын нæдæр сæ иу уарзта, нæдæр - иннæ, фæлæ сын абон дзæвгар антыст - æфсон сын уыд, хуыздæр нæ хъуыд, ахæм æфсон. Бирæ фæныхæстæ кодтой, ныр фылдæр сæ рагбонты цæрдтытыл, се ’взонджы рæсугъд, æнæмæт ивгъуыд мысыдысты æмæ уыцы мысинæгты ирдæй раудæгас сты сæ дзæнæтыбадинаг ныййарджытæ, хо æмæ æфсымæры уарзон фæлгæнцтæ. Мысы- дысты ссæдз азы размæйы хабæрттæ æмæ дзы чи худæг уыд, чи -
катайаг, риссаг. Сæ цæсты раз растгæ сæ райгуырæн хъæуы цар- ды нывтæ, адæмы фæлгæнцтæ. Сæ митæ дзургæйæ, куы зæрди- агæй худтысты, куы та-иу сæ сæртæ катайгæнгæ тылдтой. «Хъуыды-ма кæныс?», «Дæ зæрдыл-ма лæууы?..» Æмæ афтæ æнæ- хъæн хъæуы раздæры цард æд адæм иугай-дыгай æрымы- сыдысты... Хъæу та раздæр дардыл уыд æмæ дзы бирæ мыггæгтæ цар- дис - иронæй, гуырдзиагæй, сомихагæй. Цардысты фæрсæй- фæрстæм сæхи сæрмагонд æгъдæуттæ, сæрмагонд цардуагон миниуджытимæ. Кæрæдзимæ сыхагон хъарм зæрдæ дардтой. Азтæ цыдысты, фæлтæр фæлтæры ивта æмæ рæстæг куыд- дæр æнæфæфиппайгæ йæхи гакк æвæрдта алкæуыл, алцæуыл æмæ иухуызон цардуаг райстой иууылдæр. Фæлæ цыфæнды диссаг ма фæкæса лæгмæ, уæддæр æцæгдзинады раз цæст ба- цъындгæнæн нæй - ирон æгъдау, ирон фæтк нæ ахаудта, нæ банымæг... Æмæ ныр æфсымæртæ сæ сыхæгтæй сомихаг Арта- шы худæг митæ куы мысыдысты, кæнæ гуырдзиаг Хуытисойы æнæрхъуыдыдзинæдтæ, уæд зæрдиагæй уымæн худтысты... Цæугæдон Проне ацы хъæуы астæуты цыд æмæ йæ дыу- уæ дихы кодта. Фаллаг фарс къуыппыл ирæттæ цардысты. Сæ фылдæр Гæззатæй уыдысты æмæ уымæ гæсгæ уыцы сых Гæз- заты къуыпп хуыдтой. Сæ бакомкоммæ рагъгонды дæлвæзты имереттæгтæ æрбынат кодтой кæддæр æмæ уыдоны та Имер- литæ хуыдтой. Донæн йæ ацы фарс хъæуæн йæ фылдæр æрдæг уыд æмæ хæццæйæ цардысты ирæй, гуырдзыйæ. Фæлæ ирæттæн сæ кæрæдзиимæ бынтон æндæр ахастытæ уыд, хицæн кодтой иннæтæй сæ уæздандзинадæй, сыгъдæгдзинад æмæ уазæгуар- зондзинадæй. Кæрæдзимæ арæх цыдысты, æввæхсты чи цард, уыдонæн та сæ къæбæрхæрд дæр иу уыд, сæ уазæг дæр - иумæйаг. Цин æмæ хъыджы рæстæджы сæ кæрæдзийæн æххуыс æмæ æгъдау дæттынæй æнæхъæн хъæуæн æмбисондæн хæссинагæй баззадысты. Ирæттæ-иу мардæн цы ’хсæвбадæнтæ арæзтой, æгъ- даумæ гæсгæ цы иронвæндаг кодтой, уый адæмæн фенддаг ха- бар уыд. Æппæт адæттæ уынгæйæ сæ фæндыд æви нæ, ирæттæй аргъуц кодтой, чизоны ма сæм хæлæг дæр кодтой. Ирæтты сæн- дæтты æхсæнты æмбонд ничи арæзта æмæ зæххы кæнæ дыр- гъы тыххæй иннæтау уæлдай ныхас ничи скодтаид. Сæ ирон уæздандзинад, парахат зæрдæйыхаттæй бæрæг хицæн кодтой.
- Гæззаты Ходжа-иу нæм куы фæуазæг, хъуыды кæныс? Джиччи-иу уыцы тæккæ Алейæн карк куы ’рбаргæвдын кодта, - мысыд Вало. - Гæззаты къуыппæй махмæ цас фæндаг у, хидыл рахиз æмæ ам дæ, фæлæ нæм цыма дард хъæуæй, кæнæ горæтæй цыд, ахæм цинимæ-иу ыл сæмбæлдысты ’нæхъæн бинонтæ. - Ды уый хъуыды кæныс, æмæ нæм Ходжа искуы иударон пысулты æрбацыд? Алы хатт цухъхъа æд бæрцытæ, æвзист рон хъамаимæ, сæрыл - ирон худ, йæ ныхас - уæздан. Фынг ын-иу Джиччи дзаджджын æрæвæрдта, фæлæ-иу Ходжа карчы хуыз- дæр хæйттæ - сгуыйæ, сгуыйы сæрæй махæн - кæстæртæн бай- уæрста. Ныр цал азы рацыд уæдæй нырмæ, æмæ мæ хъусты ныр дæр айзæлы йæ хъæлæс. Сыкъа-иу куы райста æмæ: «Стыр Хуыцау æмæ Уастырджи уæнт а хæдзары æххуысгæнæг!», «Оммен, оммен зæгъут, кæстæртæ!», - худгæбылæй-иу нын куы амыдта. - Уыцыфарсæй-иу сæ сылгоймæгтæ дуканимæ куы рараст сты продукттæ кæнæ æндæр исты æлхæнынмæ, - уыдон дæр-иу куыд бæрæгбонарæзтæй рацæйцыдысты. Нæ сыхæгты устытæ сæм-иу куыд хæлæг кодтой! - Ис, дам, сын æмæ цæмæннæ дарой хорз пысул. - Æвзонгæй адæттæн цы ’мбæрстам, фæлæ ныр куы ахъуыды кæнын, уæд æй æмбарын - уый дæр æгъдау уыд. - Адæмы размæ æнæзæрдæмæдзæугæ хуызы дæхи ма равдис, дæ конд дæр кон- ды хуызæн хъуамæ уа, дæ ныхасæн дæр йæ бынат зонай. - Мæ зæрдыл-ма цы æрлæууыд, зоныс? Мæнæ нæ дæлейæ цы зæронд Маро цард, «лоти Маро» йæ куы хуыдтой, бон изæрмæ нæ торнейы цур куы бадти, цалынмæ-иу ын Джиччи арахъхъ нæ бадардта, уæдмæ куынæ куымдта, уый нæ хъуыды кæныс? - загъта Дзамбол. - Куыднæ йæ хъуыды кæнын. Цалынмæ йæ бон кусын уыд, уæдмæ æртæ æфсымæрæй кæрæдзи хордтой, «нæ, - мæнмæ цæ- рæд, нæ - мæнмæ!» Куы базæронд ис æмæ кусынæн куынал уыд, уæд æй иу дæр йæ хæдзармæ нал уагъта. Сыхæгты къæбæрæй цард æмæ ма йæ нæмгæ дæр кодтой, нуæзтыл, дам, бафтыд æмæ нæ худинаг кæны. Ирон лæг йæ ныййарæг мадмæ йæ къух райсдзæн, ахъуыды ма кæн? Сылгоймагæн ирæтты хуызæн ничи кад кодта нæ хъæуы... Диссагæн куы баззадис - Коцты Иуане йæ ус Марусайы колхозы куыстмæ куынæ уагъта, йæ нормæтæ та йын йæхæдæг куыста. Ус, дам, бон изæрмæ быдыры куы фæкуса, уæд ма изæры цæй хæдзары митæн сбæздзæн, цы ма дзы хъуамæ
радомай? Куыд дæм кæсы, уый дæр ирон рæсугъд æгъдауыл дзурæг нæу? Дзамбол хъуыста æмæ дзуаппы бæсты æвиппайды ныххудт. - Цæуыл худыс? - «Сирча дамалевине» ма гас у? - Уый мард ауæд де знаг. Фарон амарди. Быдыры бафынæй ис æмæ йæ хур ныццавта. Изæры хъомтæ сæхæдæг бацагуырдтой сæ хæдзæрттæ. Уый та йæ куыдз хъахъхъæдта æнæхъæн æхсæв. Райсом æй ссардтой, мæгуыр. «Сирча дамалевине» хъомгæс Угрехелидзе Петрейы хуыд- той, алы райсом-иу куы кæцы ироны къæсæрыл балæууыд, куы та кæцы: «Ерти сирча дамалевине, гъмертиц гишвелис» - Иу нуазæн, дам, мын бадар, Хуыцау - де ’ххуысгæнæг. Тæригъæ^ т тн кодтой æмæ йын «нæ» ничи дзырдта. Афтæ йыл баззад уьь йæ амæлæтмæ. Æмæ йæ амæлæты фæстæ кæд исчи æрымысы, уæддæр уыцы номæй. - Хорз æй æрымысыдтæ. Нуазæн дæр æрмæст мах - ирæттæ бавæрдтам. Нуазæн уæлдай кады нысан у. Æмæ ма кæд хæдзары æфсин радтаид нуазæн, уæд уый та ноджы стырдæр кадыл ны- мад уыд уазæгæн. - Уазæг-иу куы цыд æмæ-иу ыл Дада куы ныттыхæй: «Къæ- сæры Уастырджи!» - æмæ-иу лæугæйæ акуывтой æмæ баныз- той, - бафтыдта ма Дзамбол. - Махмæ бирæ рæсугъд æгъдæуттæ ис, лæг цæмæйты фида- уы, иннæтæй цæмæй хицæн кæны - бирæ ахæм рæсугъд æгъ- дæуттæ. Хъыгагæн, хистæртæ аивгъуыдтой, кæстæртæ хъæуыл суæлæхох сты. Уæрæсейы горæттæм лидзынц æмæ ма йæ фы- дæлты ’гъдау, фарн æмæ фæтк чи бавæра нæ фæстæ? Чи кæ- дæм фæцæуы, уыдон хуызæн свæййы... Фæлæ мæ уырны - ирон гентæ фидар сты, ирон туг кæмæ ис, уый нæ фесафдзæн йæ ирондзинад. Цом, азилæм сæндæтты ’рдæм, - загъта йын Вало æмæ сæ дыууæ дæр фынгæй сыстадысты. Кæртæй куы ахызты- сты æмæ Вало кауы дуар куы ’рбахгæдта, уæд къухæй ацамыд- та йе ’фсымæрæн: - Уæртæ-ма бакæс, знон махмæ фыдрасыг чи фæцис æмæ йæ хæдзармæ чи нал куымдта, гъе уыцы лæппу ма баззадис æнæ- хъæн Цъеретелиты хæдзарвæндагæй. Цъеретелитæ æхсæз æфсымæры уыдысты - æхсæз нæргæ хæдзары. Кусаг, æнæхъыгдард адæм. Сыхимæ, кæрæдзи æмбар-
гæйæ, фæцардысты. Хистæртæ аивгъуыдтой, кæстæртæ иугай- дыгай фæцыдысты æмæ ныр сæ хæдзæрттæ æрдæгпырхытæй лæууыдысты. - Æппын сæ ничиуал æрцæуы? - афарста Дзамбол. - Ничи. Чи сæ кæдæм фæхауд, уый зонæг дæр нæй. Цыдысты æфсымæртæ дзургæ-дзургæ, хъæуыл сæ цæст хæс- гæ, æмæ Дзамболæн йæ зæрдæ æрхæндæг æрцахста. Ай куыд æдзæрæджы хуыз ис нæ кæддæры нæргæ хъæуæн... Вало та ахуыр уыд, сæ хъæу бонæй-бонмæ кæй къаддæр код- та, ууыл, æмæ ныр æфсымæры цур йæ пырх калдта. - Уартæ-ма акæс Гæззаты къуыпмæ, - донбылгæронмæ куы ныххæццæ сты, уæд йæ къухæй ацамыдта Дзамболæн. - Ныр цал- [3 г-у?ы сæ иу дæр йæ къах нал æрбавæрдта æмæ хæдзæрттæ дуарæхгæдæй лæууынц. Кæмæн йæ цар тæдзы, кæуыл дзы ру- дзынг нал ис æмæ афтæ... Мæ цæст сæм бакæсын нал уарзы. - Цыдæр мæм афтæ кæсы, цыма фæздæг цæуы кæйдæр хæдзарæй, - загъта йын Дзамбол. Вало та йæ цæст ахаста къуыппыл тыгуырæй лæууæг хæ- дзæртты ’рдæм æмæ уый дæр суыдта - зивæггæнгæ уæлæмæ ивæзта йæхи фæздæг. - Æвæццæгæн, хъæуы къæбæдатæй исчитæ бахызтысты æмæ минас кæнынц, афтæтæ дæр сын æнтысы. Уæдмæ кæсынц, æмæ хæдзарæй бæрзондгомау лæг рахызт кæртмæ, æнгуз бæласы цур слæууыд æмæ дæлæмæ, донырдæм кæсы. - Ай дын мæ къух, кæд уый Жора нæу! - цинæйдзаг цæстытæй бакаст Дзамбол Валомæ. - Цом-ма! - æмæ сæ дыууæ дæр хидыл ахызтысты. Схæрд кодтой уæлæмæ æмæ Жора дæр сæ размæ ра- хызт. Æнæдзургæйæ ныттыхстысты кæрæдзийыл, стæй гыццыл алæууыдысты æмæ цинæй уымæл цæстытæй бакастысты кæ- рæдзимæ. - Уæдæ ды дæр мæ фæд-фæд, нæ? - уæззаугай, мидбылхудгæ йын загъта Дзамбол. - Афтæ у... Адджын у фыдæлты уæзæг... Рахизут нæм, акувæм, цыдæртæ райстон мемæ... Се ’ртæ дæр хъæлдзæг хуызæй бахызтысты хæдзармæ...
СОХЪХЪУЫФ Чикъо иу бон хæдзармæ фæцæйцæугæйæ, уынджы лæппуты хылгæнгæ федта. Йæ зонгæйыл дзы йæ цæст схæцыд æмæ сæ фæрсты афтæ куыд ахызтаид, ма сæ бафарстаид - цы кодтат, цæуыл хыл кæнут, зæгъгæ. Бацыд сæм æмæ куыд фæзæгъынц, иргъæвæгыл, дам, фылдæр æрхауы - афтæ рауад йæ хъуыддаг. Хылгæнджытæй иу иннæйы кардæй барæхуыста æмæ лæппу тугкалгæ зæххыл куы æрхаудта, уæд иууылдæр алыгъдысты. Æрмæст ма Чикъо архайдта растын æй кæныныл, афтæмæй милиционер дæр йæ уæлхъус æрбалæууыд. Цæф лæппуйы рынчындонмæ аластой, Чикъойы та - милицимæ. Аххосджын сæ кæцы уыд, уый нæ рабæрæг æви сæ йе сбæлвырд кæнын нæ ба- фæндыд, кæмæ хаудта хъуыддаг, уыдоны, фæлæ Чикъо кæйдæр бæсты ахæстонмæ бахаудис. Æнæрастдзинæдтæ алы рæстæджы дæр уыд, дарддæр дæр, æвæццæгæн, уыдзысты. Царды афтæ арæх æрцæуы - æхцаджын æмæ хицауджын аххосджынæй дæр раст разыны. Æвадат æмæ цыбыркъухæн та йæ рæстдзинад йæ ныхмæ рацæуы. Ахæстонмæ бахауæгæн закъон рахæссы тæрхон, фæлæ иугæр ахæстонæй мидæмæ бакъахдзæф кодта, уæд та уымы «хицæут- ты» закъæттæм гæсгæ æрвыста йæ бонтæ. Чикъо йе ’намондæн, къæрныхтæ кæм бадтысты, уырдæм бахауд. Чизоны йæ барæй дæр баппæрстой уыдонмæ, æвзонг, æнæхицау лæппу æнцондæр архайд уыдаид æмæ сæ куыд фæндыдаид, афтæ дзы спайда код- таиккой. Æмæ мæгуыр лæппу уым цытæ федта, уый фантасти- кон кинонывты дæр никуы федта. Æцæг, йæхæдæг аирвæзт уыцы фыдмитæй иу лæджы фæрцы. Чикъо кæцы камерæмæ бахауд, уым «хистæрыл» нымад Сохъ- хъуыр уыд. Йæ фыццаг фендæй лæппу йæ зæрдæмæ фæцыд. Афтæ йæхигъæдæй бахызт куыддæр йæ удмæ. Æвæццæгæн, йæхæдæг афтæ æвзонгæй кæй бахауд æмæ уый дæр афтæ фыц- цаг бон тарстгъуызæй куыд барста цæстæй йæ «фысымты», уыцы уысмтæ æрбалæууыдысты йæ зæрдыл. Къухæй йын аца- мыдта, йæ цуры цы сæрибар бынат уыд, уырдæм. Æрбадт лæппу йæ фарсмæ æмæ иннæ дыууæ бамбæрстой - Сохъхъуырæй йæ бæрны бакодта æмæ ныр уымæ ничи ницыуал бар дары... Фæлæ ахæстон уæддæр ахæстон у æмæ цыфæнды хорз уа- вæрты дæр зын у адæймагæн уым уæвын. Чикъо та, сидзæр
уæвгæйæ, уæддæр буц хъомыл уыд йæ мады фæрцы æмæ ныр ацы æрдæгталынг, чъизи бынаты йæхи афтæ хатыд, цыма хъуырмæ цъыфдзасты аирвæзт æмæ йæ уд сæппардзæн. Уыцы æхсæв сусæгæй, æнæсымæй фæкуыдта æмæ афтæмæй бафынæй. Сохъхъуырæй ницы аирвæзт, хъуыста йын йæ сусæг хæкъуырцц, фæлæ йын ницы загъта, йæхи бар æй бауагъта: «Уадз йæ тыппыртæ суадза. Сом базонгæ уыдзыстæм. Ацы ронбæгъд рæстæджы афтæ бирæ тæригъæдтæ, æнæрастдзинæдтæ цæуы æмæ сæ нæдæр дæ цæссыг ’рыхсдзæн, нæдæр мæхуызæтты ныхмæлæуд. Фæлæ дæ цы фæнды, лæг цалынмæ удæгас уа, уæдмæ хъуамæ архайа сæ ныхмæ æмæ лæгау батона йæ царды бонтæ. Ды дæр абаддзынæ немæ æмæ бамбардзынæ куыд æгъатыр у цард. Иуæн алцы барст, иннæмæн - нæ. Æмæ уыдон, цардыдзæбæхæй чи цæры, æрмæст йæхиуыл чи хъуыды кæны, уыдон уæлейæ дæлæмæ кæсынц рæстаг, кусæг лæгмæ, ницæуыл æй нымайынц, сæхæдæг ницæйагтæ сты, афтæмæй. Ахæстон, мæ кæстæр, зындон у, фæлæ ардыгæй стыр талынг ныккæндæй ноджы ирддæрæй зынынц, зæххыл цы зыгъуым- мæ митæ цæуынц, уыдон. Ам ноджы арфдæр банкъары зæрдæ рæстаг лæджы рис. Хатт мæм цæрын дæр нал фæцæуы, хатт та мæ бафæнды ардыгæй куы аирвæзин, уæд дард фæлидзон, бæс- ты кæронмæ фæцæуон, цæмæй мауал уынон цъаммар, фæлдыст, æлгъаг цæсгæмттæ... Кæдæм фæлидздзынæ - адæймаг алыран дæр цы у уый у хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр, кæцыфæнды æвзагыл дзурæг уа, иууылдæр æмхуызон сты сæ æнæзæрдæ- мæдзæугæ ахастытæй. Кæимæты нæ фæбадтæн, кæмыты нæ фæдæн... Æмæ мæ цы æркодта ацы уавæрмæ? Рæстдзинад агуырдтон, фæлæ мæ уыйонг æркодтой, æмæ мæ царды раст æмæ зылын сиу сты, схæццæ сты æмæ уыдонæй фыддæр сдæн... Никуы мæ фæндыд æмæ мæ ныр дæр нæ фæнды искæмæн æвзæр сара- зын, фæлæ мæ цæст куы ахæссын мастæй йемыдзаг мæ ивгъуы- дыл, уæд бар-æнæбары мæ хъуыр ахгæны, алцы мын удхæссæг фесты... Цæй тыххæй бабын мæ фыд? Хæлæг æмкусæджы æвзагæй. Партион кусаег, рæстаг æмæ нымад лæг уыд æмæ йæ Сыбыры хай фæкодтой - хицауады ныхмæ, дам, цыдæртæ дзуры. Цымæ кæмæн цы сарæзта æвзæрæй? Никæмæн. Афтæ дзы дзырдтой - фысы дзыхæй, дам, хал нæ райсдзæн. Йæ нымудзæджы, дам,
ын стæй йæ бынаты сæвæрдтой, мæ мад мын æй уый фæстæ схъæр кодта, мæ фыд удæгас куынал уыд, уæд. Амард кæмдæр æцæгæлон бæсты æмæ йе стджытæ дæр куынал уыдысты, уæд æй «ссæрибар» кодтой - реабилитацигонд æрцыд... Æмæ цы? Цыма нын баххуыс? Адæмы «знаджы» номимæ амард лæг æцæгæлон зæххыл, йæ бинонтæ та дæлдзиныгæй, æбарæй, тæрсгæ-ризгæйæ æрвыстой сæ цард. Скъола афтæ фæдæн æмæ мын иу рæстмæ æмгар нæ разынд - тарстысты, «адæмы зна- джы» лæппуимæ дын цы иудзинад ис, уымæй сæ исчи куы бафар- стаид... уæддæр ма, табу Хуыцауæн, мæ мад ма æрæййæфта мæ фыды реабилитацийы хабар: - Ныр, дам, мæ лæппу, сæрибарæй амæлдзынæн, - бацин кодта æмæ цыма уыцы бонмæ йæ удыл йæ дæндæгтæй хæцыд, уыйау уыцы аз амард. Ныфсимæ ацыд уыцы бæстæм - ныр мæ хъæбулмæ знаджы цæстæй нал кæсдзысты, зæгъгæ. Фæлæ уæгъды цин кодта. Мæ ныййарæгæн фесты йæ хъи- зæмæрттæ, мæнæн та фæфылдæр сты мæ мæстытæ. Мæнæн уыцы реабилитаци ноджы фылдæр зæрдæрыст æмæ цардмæ æнæуынон ахаст радта лæварæн. Цæмæн ма мæ хъуыдысты ныр сæ фæлдыст мидбылхудтытæ, кæд æмæ ме ’взонджы бонты ничи ахъуыды кодта мæ зæрдæйы рыст фæкъаддæр кæныныл? Æмæ кæмæй цы куырдтон? Ницыгæнæг уыдтæн æмæ мæм зул цæстæй ма кастаиккой, æндæр ницы домæг уыдтæн. Фæлæ адæймаг йæ уды дыууæ ныхмæлæуд æнкъарæн хæссы - уарзт æмæ фыдæх. Кæцы сæ фæтых уа йæ зонд æмæ йæ зæрдæйыл, ахæм ахаст дардзæн йæ алыварсуæвджытæм. Чи зоны, алцы раст нæ хын- цын, кæцы ахуыргонд æз дæн, университет фæуын дæр мæ куынæ бауагътой, фæлæ цард цыфæнды куырыхон ахуыргæнæ- гæй стырдæр ахуыргæнæг у Æрдæг æнус æз цы фæндæггыл фæцыдтæн, æз цытæ бавзæрстон, уыдон дын кæцы уæлдæр ахуыргæнæндоны бацамондзысты? Университеты нын марк- сизмæй лекцитæ каст иу æцæг зондджын лæг Хъуылымбегтæй æмæ нын иухатт, социализмы хорздзинæдтыл дзургæйæ, афтæ загъта: «Капиталистон цардарæзты дуджы адæймаг адæймагæн бирæгъ у». Хорз нын æй нæ рафæлгъуыдта æви йæ мах нæ бамбæрстам раст, нæ зонын, фæлæ нын æй куыд загъта, афтæ баззадис мæ хъуыдыйы. Баззад æмæ мыл цас фылдæр азтæ ацыд, уыйас мæм иуæй раст кæсы ацы хъуыды, иннæмæй та мæ
дызæрдыджы æппары. Ау, кæд иууыл бирæгътæ фестадысты, уæд нал фесты сæ кæрæдзи хæрд?.. Цард та цæуы, цæуы йæхи цыдæй. Адæймаг дæр рæстæгимæ æмдзу кæны. Дугтæ ивынц, иу формаци иннæйы раивы, ома, цы уыд, уымæй фæхуыздæр вæй- йы цардарæзт. Нæй! Адæймаг уæддæр æнæрайгонд у, цæмæн- дæр ноджы хуыздæрмæ тырны æмæ кæд цард ивы, уæддæр адæймаджы удыхъæды ацы миниуæг - хуыздæрмæ тырнындзи- над - нæ сысы æмæ та агуры, нал ын ис æхсæв æмæ бон... «Цæст, дам, цæсты бахæрид, сæ астæу фындз куынæ уаид...». Цæмæн æрбалæууыд ацы æмбисонд мæ зæрдыл? Фындз... Сæ дыууæйы астæу лæууы цæстытæн æмæ сæ иргъæвы, цæмæй кæрæдзийы ма бакуырм кæной. Фындз - иргъæвæг. Царды дæр, æвæццæгæн, цыдæр ахæм ис, кæцы иргъæвæджы хæс æххæст кæны... Цы у?.. Уарзондзинад, хæлардзинад, рæстдзинад... Кæцы лæууы се ’хсæн раст æмæ зылынæн, кæцы сæ у иргъæвæг? Æвæццæгæн, рæстдзинад. Фæлæ куыд зынтæй æфты къухы... Фылдæр хатт - тугкалды, æмæ ма цы пайда у ахæм рæстдзинад. Кæддæр ыл фæхæст вæййы адæймаг, басæтты раст хæрамы æмæ уæд царды мидисы уд бацæуы, æхцонæй сулæфы уд. Мæ хъуы- дыты тæраз уыцырдæм куы ауæз кæны, уæд мын фенцондæр вæййы, цард мæм афтæ æнæуынон нал фæкæсы, фæлæ мæ уæддæр дисы æппары иу хъуыды - кæд алцы Хуыцау сфæлдыста æмæ алцæмæн æмæ алкæмæн йæ бынат уый радта а бæстыл, чи куыд æмæ цæмæй цæра, развæлгъау кæд ахъуыды кодта адæттыл: бирæгъæн уæрыкк - хæрынæн, цъæх кæрдæг - авд- сион сагæн, цæргæсæн - тæрхъус, калмæн - хæфсытæ, адæймаг та - адæймагæн... Уæд, цæмæн афтæ æгъатыр хай скодта адæй- магæн? Цæмæн ныффидар мæ сæры - адæймаг адæймагæн би- рæгъ... Цæмæн хъуамæ дарид адæймаг адæймагмæ бирæгъы ахаст?.. Зæхх дардыл, æгæрон куы у, кус, архай æмæ фæхæст уыдзынæ цардыл. Фæлæ кæсын, æмæ адæймаджы цæст не ’фсæды - искæмæй ма куы ратонид исты. Афтæ цæуынц азтæ, æнустæ, ницы хъары уæддæр адæймаджы хъустæм: уымæн, дам, цæмæн ис мæнæй фылдæр - фынæй йыл нал хæцы, кæны зы- дæй-зыддæр... Æз афтæмæй исты кæндзынæн. Æхсæвæй, бонæй мæ ахæм æнæрай сагъæстæ хурхæй æргæвдынц. А хуыссæг та кæдæм фæ- лыгъд? Исты чиныг дæр мæм нал æрбарвыстой, куы фæкæсын,
уæд мæ мæхи мæстытæ айрох вæййынц æмæ чысыл мæ уд баулæфы», - йæ рахиз фарсыл æрзылд, йæ цонг йæ сæры бын бакодта æмæ йæ иунæг цæст бацъынд кодта - кæд, зæгъгæ, исчердæм бафынæй уаин. Хатæны иунæг фæрссаджы æфсæйнаг хæтæлты ’хсæнты мæй æрбагудзицц кодта æмæ æрхæндæгæй ахаста йæ цæст къуым- тыл. Ныр ам цыппарæй уыдысты Чикъоимæ. Се цыппардæр сæ уæтты хуыссыдысты. Чикъо, цыма, фынæйæ дæр кæугæ кодта - хаттæй-хатт-иу йæ хæкъуырцц райхъуыст. Рог дымгæ æврæгътимæ хъазыд, дыууæрдæм сæ рассæнд- бассæнд кодта. Мæйы цалхыл-иу куы алæстысты мигътæ, уæд-иу уаты æрталынг. Иу рæстæджы дымгæ йæ разæй айста æврæгъты пирæнгæмттæ æмæ та уатмæ рухс æрбакалд. Æдзынæгæй каст мæй ахæсттæм æмæ сын цыма тæригъæд кодта - йæ бур-бурид тынтæ Сохъхъуырæн æрмæст йæ галиу русыл æмбæлдысты æмæ ирдæй зынди ныхæй æфсæрмæ арф нуæс. Галиу æрфыг йæ астæуыл уыд дих, цæсты бынаты уæлтъыфылæй æмбæрзт уæрм, русы нуæс суанг æфсæры къæдзы онг лыстæг тæлмæй баз- зади... Ныккатай кодта мæй: «Мæгуыр дæ бон, цымæ дæм чи си- ста йæ къух...» Сохъхъуырæн хъалæй дæр æмæ фынæйæ дæр мастимæ кæй æрвыста, уыцы царды уæззау нывтæ йæ сæрæй нæ хицæн код- той. Бæргæ-иу архайдта, хорзæй цы бавзæрста, уыцы бонтæ, уы- цы цаутæ рымысыныл, фæлæ уыдон афтæ кадавар æмæ фæлурс уыдысты æмæ-иу æвиппайды айсæфтысты йæ хъуыдыйæ. Уый- хыгъд зæрдæ цæмæй рысти, ахæмтæн кæрон нæ уыд. Сегасæй зындæр, се ’гасæй æнæферохкæнинагдæрыл йæ царды цы ны- мадта - уыцы сæрдыгон хурбон ыл горæты улæфæн парчы цы бæллæх сæмбæлд, уый. Уыцы æнамонды боны алы лыстæг цыдæртæ дæр йæ цæсты раз лæууыдысты... Цыдысты фæрсæй-фæрстæм, цæуылдæр хъæлдзæгæй дзырд- той, худтысты æмæ цæуыл дзырдтой æмæ худтысты, уыдон тынг дард уыдысты, сæ зæрдæты цы хъарм, æхцонæй ризгæ æнкъарæн сыгъд, уымæй, бынтон æнæхъуаджы цыдæртæ уы- дысты. Уыцы ницы-мацы дзуринæгтæй æмбæхстой сæ дыууæ дæр сæ сæйраг зæгъинаг. Æниу дзы цы хъуыд зæгъын? Кæрæ- дзимæ-иу куы фемдзаст сты, уæд сæ цæстытæ, æнæхъæнæй сæ цæсгæмттæ уарзты артæй хурау æрттывтой. Куыд тынг фæндыд сæ дыууæйы дæр сæ къухтæ кæрæдзийыл куы аныдзæвдаик-
кой... Цыдæр æнæуынгæ тых сæ кæрæдзимæ æлвæста, фæлæ стыр уарзт къæмдзæстыг у - нæ сæ иу, нæ се ’ннæ уæндыд. Афтæ сæм каст, куы аныдзæвой сæ къухтæ кæрæдзийыл, уæд уыцы æрвон, расыггæнæг æнкъарæн атæхдзæн æмæ дзы ницыуал аззайдзæн. Цыдысты афтæ, никуыдæм тагъд кæнгæйæ, стæй даргъ фæхсбандонмæ куы бахæццæ сты, уæд лæппу загъта: - Æрбадæм, нæ дæ фæнды? Чызджы дæр фæндыд æмæ цалынмæ æрбадтаид, уæдмæ йæ алыварс йæ цæст ахаста æмæ фæджихау: æртæйæ æрбацæй- цыдысты тагъд къахдзæфтæй. Сæ иу - æрфыгæлхынцъ æмæ тызмæг цæсгомæй чызджы ’рдæм тындзыдта. - Ацæуæм, Алан, ацæуæм! - тарст хъæлæсæй загъта чызг. Лæппу фæдис: - Цы кодтай? - æмæ сæм чи æрбаввахс сты, уыдонмæ бакаст, - цæмæй тæрсыс? Æртæ лæппуйæ сæ иу барджынæй бацыд чызгмæ, йæ цонгыл ын фæхæцыд æмæ йын мæстыйæ загъта: - Цал хатты дын загътон, ацы æнæрæгъыдзыдимæ дæ макуы- уал фенон, и?! - Дæ къух! - йæхи дзы атыдта чызг. Уый чызджы ’рдæм акъахдзæф кодта, фæлæ йæ йæ разы лæууæг лæппу тымбыл къухæй ныццавта: - Кæй уарзон байсынмæ хъавыс, куыдзы фырт, ды та? Хылуарзаг никуы уыд, фæлæ ныр йæ маст куыд баурæдтаид, йæ къахæй йæ афтæ тынг ныццавта æмæ лæппу зæххыл атылд. Уæдмæ иннæ дæр йæхи байвæзта. Иуæн дыууæ æфсад у æмæ ма æртыккаг дæр куы фездæхт, уæд бынтон ссонт æмæ сæ йæ тых, йæ бонæй цавта къахæй, къухæй. Стæй чызджы тасы хъæрахст йæ хъустыл ауад: - Алан, лидзгæ! Фæлæ байрæджы: зæххыл чи ахауд, уыцы лæппу йæм æд кард йæ фындзæй тугкалгæ багæпп кодта æмæ... Арф ныууынæргъыдта Сохъхъуыр æмæ фехъал. Рабадти йæ уаты, йæ цæсгомыл йæ армытъæпæн æрхаста: къух бауымæл. Æркасти йæм афтæ, - туг нал уыд уый, хид - фы- ны хъуырдухæны уазал хид... 2013
РУХСЪ1 %С/Е(ВЩЫШЗ (Этюд) Фыссæн стъолы лагъзы, хъæуæг исты æрмæг агургæйæ, хатт ахæм афыстыл схæцдзæн цæст æмæ цы агуырдтай, уый дæ æрбайрох уыдзæн. Кæсыс æй, æмæ дæ цæсты раз раудæгас уы- дзысты уæды нывтæ, æмæ дыл дис бафтдзæн, - куыд дын баз- зади æнæфыстæй ахæм цымыдисон цау? Фæлæ куы æрлæууынц нæ зæрдыл, уыцы цауы хæдфæстæ цытæ бавзæрстай, цы хъизæмайраг бонтæ арвыстай, уæд табу дæхицæн, стыр Хуыцау, æгæр хорздæр-ма кусы адæймагæн йæ сæр, йæ хъуыды... Уыцы афыстмæ бирæ ницыуал æфтауын, нæдæр æй аив «дзаумайæ» фæлындзын, куыд уыд, афтæ у. Цыппурсы æхсæв... Райсом æрбалæудзæн Чырыстийы райгуырды бон - се ’гасæй рухс, хъарм æмæ ныфсдæттæгдæр бæрæгбон. Адæм ныфсимæ, хорз зæрдæйы равгимæ фæндтæ кодтой бæрæгбоныл сæмбæлынмæ. Кæмæн цы уыд йæ къухы, уымæй сыгъдæг зæрдæйæ акувынмæ хъавыд, Чырыстийæн йæхи, йæ бинонты бафæдзæхсынмæ цæттæ кодта йæхи. Нырма сбонмæ бирæ хъуыд. Дыууæ тарст удгоймаг - мад æмæ йæ чысыл чызг та, зыр- зыргæнгæ, кæрæдзийыл ныхæстæй цыдысты æмбæхсгæ, къу- тæрты, къуыппыты аууæтты. Цыдысты, сæ къæхты тыхæй ис- той размæ. Куыддæрты сосæфæндагмæ æрбахæццæ сты. Аракæс-бакæс кодтой, никуыцæй ницы хъуыст, ницы зынд. Ныр сæ ныфс ба- цыд, чысыл ма, чысыл æмæ горæтмæ ныххæццæ уыдзысты. Уым нæхиуæттæ сты æмæ... Къутæртыл хæцгæ фæндагмæ схылдысты, атагъд кодтой æм- раст фæндагыл. Ауадысты иудзæвгар æмæ дæлейæ рухсытæ ра- зындысты. - Чъреба, - нымæг хъæлæсæй загъта мад. - Ныр аирвæзтыс- тæм, мæ хъæбул. Кæцæйдæр цыдæр къæрцц фæцыд, æнахуыр къæрцц. Æхсæвы тар, æмыр... Иуцалдæр къахдзæфы ма акодтой æмæ ныкъæр-къæр кодта автомат...
Сæ дыууæ дæр иумæ, афтæ кæрæдзи цæнгтыл хæцгæйæ, æрхаудтой. Иу хъæр, иу уынæргъд сæ нæ райхъуыст. Фæндагæн дæлбыл цы стыр бæстыхай лæууыд, уырдыгæй цалдæрæй рагæппытæ кодтой. Бауадысты сæ туджы мæцгæ дыууæ сылгоймагмæ. Февнæлдта сæм сæ иу кæд афтæ æн- хъæлдта, цæфтæ сты æмæ сæ исты базондзысты... Хъарм туг калди сæ дыууæйы буар цæфтæй æмæ урс-урсид миты сырхæй ахуырста. Лæууыдысты æдхотых лæгмартæ, кастысты кæрæдзийыл дæларм-уæларм тыхстæй хауд мад æмæ сабимæ. Цыма сæ искæмæн йæ зæрдæйы иу таг уæддæр нæ банкъуыст? Стæй сæ иу афтæ: - Бахæссæм сæ уæртæ тыргъмæ. Баластой сæ мидæмæ... Фæндагæй бæстыхаймæ сырх фæд баззад. Фæстæмæ рахызтысты хотыхджынтæ, фæндагмæ акастысты, кæд ма сæ фæстæ исчи ис, зæгъгæ. Бон дзир-дзур кодта. Æвиппайды, цыма арв ферттывта, бæстæ ныррухс ис. Скастысты хæрдмæ фæндаджы хъæбæрыл лæуджытæ æмæ арвы цæфтау фесты, сæ бынаты сагъдæй баззайгæ, кастысты æнахуыр диссагмæ: арвæй цæджындзау ныллæууыд рухс æмæ дæлæмæ-дæлæмæ йæхи ивæзта. Куы-иу цæхæртæ акалдта, куы та сындæггай цыд. Æрхæццæ тæмæнкалгæ рухс бæстыхайы сæрмæ, æрлæууыд иу уысм, дыууæ, стæй цыма хæдзары æмбæрзæн ныттыдта бынмæ æмæ рухс йæмидæг афардæг! Æрталынг... Цæст ницыуал уыдта. Стæй та хæдзары уæлхæдзарæй рухс йæ тæмæнтæ скалдта, цæджындзау та слæууыд æмæ уæлæмæ цадæггай цыд. Æмрастæй ивæзта йæхи арвырдæм цъусгай, цъусгай æмæ æвиппайды сыл- гоймаджы гуыры хуыз райста. Чысыл фæстæдæр сабийы хуызы бацæугæ рухсы тæмæн скалд хæдзарæй æмæ йæ фæстæ атындзыдта рухсы цæджындз, сæййæфта йæ, йæ фарсмæ слæууыд æмæ йыл бандæгъди æмæ афтæ кæрæдзийыл тыхстæй адарддæр кодтой сæ фæндаг ар- вырдæм.
* * * Æз афтæ нымайын: царды æрцæугæ æцæг хабар зæрдæмæ- хъаргæ дæр у фыссæджы фантазийæ цы райгуыры, уымæй. Ис Хуыцау æмæ цæуы зæххыл дæр диссæгтæ. Сабыр рæстæджытæ ма куы уыди, уæд Чъребайы цæрджы- тæй тынг бирæтæ сæ сæрдыгон улæфты бонтæ денджызбыл- гæрон курортты æрвыстой. Гагра, Пицунда, Сухум, Хоста - нæ уарзондæр улæфæн бынæттæ уыдысты. Балцæг дæр æнæмæнг хъуыддаг нæ уыди. Алас дæ бинонты машинæйыл Сау денджы- зы былмæ æмæ бафысым кæн кæцыфæнды абхазагмæ - улæф- джытæн æххуырсты раттинаг хатæнтæ сæ алкæмæндæр уыд. Абхазы адæм, ирæттау, рæдау æмæ уазæгуарзаг адæм сты, лæггадгæнаг, хистæр-кæстæр зонæг. Зонынц сæ хистæртæн, сæ номдзыд адæймæгтæн кад кæнын. Ис сын ахæм кады лæг - поэт Дмитрий Гулия. Уый гас нал у, фæлæ йæ ном цæры æмæ цæрдзæн, цалынмæ Абхазы æвзагыл дзурæг уа. Куыд махæн Къоста у æнæмæлгæ, афтæ абхазаг адæмæн та Дирмит [Дмитрий] Гулия у. Æмæ бирæ рæсугъд таурæгътæ сфæлдыстой Гулияйыл аб- хазæгтæ. Чи-иу сæм ныццыд дард балцæй, уыдонæн-иу сæ сæ- рыстырæй дзырдтой. Иуцалдæр дзы æз дæр бадардтон мæ зæрдыл. Ахæм таурæгъ мын радзырдта нæ фысым иухатт: раджы дам, абхазаг апхиарцайæн æмæ ирон фæндырæн æрмæст дыгай тæнтæ уыди. Дыууæтæнон фæндырыл зарыдысты ирæттæ æмæ абхазæгтæ зарджытæ сæ хъæбатыртыл. Стæй æртыккаг тæн фæзынд апхиарцайыл - Дмитрий Гулия йыл æй бакодта - йæ зæрдæйы таг ыл айвæзта æмæ бæрæг фæхуыздæр апхиарцайæн йæ хъæлæс. Ирон фæндырæн та Къоста бафтыдта æртыккаг тæн - уый дæр йæ зæрдæйы таг айвæзта ирон фæндырыл æмæ ноджы ныфсджындæр æмæ хъæрдæрæй айхъуыстысты йæ зæл- тæ дунейыл.
Æмæ афтæ, уæдæй фæстæмæ, æмзæлд кæнынц ирон фæндыр æмæ абхазаг апхиарца!. Æмзонд æмæ хæлар цард кæнынц ирон æмæ абхазаг адæм. Сæ цин дæр иу æмæ сæ хъыг дæр. Сæрбахъуы- ды рæстæджы кæрæдзийæн сæ уд нывондæн хæссынц. Уы- мæн хорз æвдисæн у фæстаг азты нæ дыууæ адæмыл цы фыд- æвзарæнтæ ныккодта, уый дæр. Ирон лæппуты удуæлдай тох абхазæгты сæрибардзинады сæрыл æмбисондæн куы баззад. Ирон сахъ гуырд - Ирыстоны сгуыхт артист, Чъребайы уар- зондæр адæймаг Еналдыты Вахтангы фырт Дима. Абхазы сæри- барддзинадыл куы æрхаста йæ æвзонг уд. Æмæ скад кодтой, куыд æмбæлд, афтæ æфсымæрон адæм ирон лæппуйæн - Абха- зы хъайтары ном ын радтой, орденæй дæр æй схорзæхджын код- той, кæм куыста, уыцы скъола дæр йæ ном хæссы æмæ уынджы дæр Еналдыты Димайы уынг, зæгъгæ, афтæ хонынц Сухумы. Махæн - ирæттæн æмæ абхазæгтæн нæ историон хъысмæт иу у. Афтæ иумæ цæрдзыстæм хæларæй æмæ тырндзыстæм нæ фидæны хуыздæрмæ. Нæ куырыхон, разагъта адæймæгтæ нæ дыууæ адæмæн рагæй фæстæмæ æфсымæрдзинад æмæ хæлардзинадыл зарыдысты. Дмитрий Гулияйы Апснийы (Абхазы] фыццаг булæмæргъ хуыд- той. Ахæм таурæгъ дæр ма мын радзырдтой: Дирмит, дам-иу, куы зарыд, уæд, дам-иу, æнæхъæн Абхазы булæмæргътæ ныхъхъус сты æмæ йын йæ зарынмæ хъуыстой, стæй ууыл ахуыр кодтой, куыд хъуыди зæрдæмæхъаргæ зарын. Чи зарыд Ирыстоны афтæ зæрдæмæхъаргæ хъæлæсæй адæмы рухс фидæны тыххæй? Къоста! Чи додой кодта афтæ зæрдæрисгæ Иры хъысмæтыл? Къоста! Зæгъынц, XX æнусы фыццаг æрдæджы, дам, Анри Барбиус Абхазмæ æрцыд, цæмæй зæххы къорийыл сегасæй карджындæр адæймагимæ базонгæ уыдаид. Ацы лæджы Джиджи хуыдтой æмæ йыл 150 азы цыд. - Æвддæсæм æнусы гуырд адæймаг дыууынæм æнусы дæр æгас у! - дис кодта Анри Барбиус æмæ, дам, Дмитрий Гулияйы сфæлдыстадæй афтæ загъта: - Ацы зæххыл адæм афтæ бирæ кæм цæрынц, уым се сфæлдыстад æнусон куыд ма хъуамæ уа?
Æмæ растуыд: Алы адæмæн дæр Хуыцау радта иу ахæм гоймаджы, кæцы стъалыйау рухс кæны йæ раттæг адæмæн сæ фæндаг, размæ йæм сиды, царды монц сын дæтты. Абхазæн лæгдзырагъ уыди Дмитрий Гулия, махæн - Ирысто- нæн, нæхи Къоста! %Д9АЖН: %Ъ1? Знон сихорæй фæстæмæ дæ кой, дæ хъæр куынæуал фæ- зынд, уæд дзы, мæнмæ гæсгæйæ, хистæрæй аргъуц дæр хъæ- уы, - уайдзæфы хуызы загъта чиныгуадзæны директор йæ ре- дакторæн. - Кæд ма цыдтæн æнæ бар райсгæйæ, Мелитон Александро- вич, фæлæ æнæнхъæлæджы хабар куы сæмбæла, уæд цы дæ зæрды ис? - йæхи бамæгуыртæ кодта редактор. Æниу æй дирек- тор тынг дзæбæх зыдта, алыбон дæр кæй æрæджы кæны æмæ, сихорæй фæстæмæ та фылдæр хатт цæугæ дæр нал æрбакæны куыстмæ, фæлæ йæ хæстæ цæсгомджынæй æмæ рæстæгыл кæй æххæст кодта, уый тыххæй йæм никуы ницы сдзырдта директор. - Уагæры дæм цы рауад? - мидбылхудгæ йæ фæрсы директор. - Хуыцауы фæрцы, мæхимæ ницы рауад, фæлæ ме ’фсины, чысыл сабийау, кæугæ баййæфтон, - сыхæгты къæбыла йын йæ къух атыдта æмæ старст, куыдзы хæст, дам, тæссаг у, уæдта цæ- мæ асайдта, дохтыртæм, дам, мæ акæн. Ракодтон æй полик- линикæмæ. Цалынмæ йæ рафæрс-бафæрс кодтой, туджы анализ арæзтой, уæдмæ куысты рæстæг дæр фæцис æмæ ма кæдæм цы- даин? Йæ гуыбыны цъарыл ма йын судзин дæр ныццавтой, мæ- гуыр, æмæ ма фæсмон фæкодта, куыдзы хæст, дам, мын фаг нæ уыд, куыд риссаг, дам, у гуыбыныл судзин аразын. - Уыцы иу судзиныл æй кæд ныууагътой, уæд цин кæнæд, - ныхас баппæрста иннæ редактортæй чидæр. - Уый та куыд? - Куыд æмæ йын дыууиссæдз судзины хъуыд ныццæвын, - фидарæй загъта лæг.
- Уый, куыдз æрра низæй рынчын куы вæййы, уæд фæара- зынц афтæ. Ай та сыхæгты иу чысыл мур къæбыла. Цæй æрра æмæ цæй цыдæр. - Профилактикæйы тыххæй дæр ын сараздзысты, - йæхион кодта редактор. - Æз дын, æцæгæй чи æрцыд, ахæм хабар дæр радзурдзынæн, кæд дæ нæ уырны, уæд. Цæвиттон, иу сæрд нæхимæ ацыдтæн хæхтæм. Нæ хъæуккаг лæгыл сыхæгты куыдз фæхæцыд, йæ зæнджы хæцъæф ын атыдта. Куыдзы хæстæн, дам, куыдзы хъуын йæ хос æмæ, хæдзармæ куы бацыд, уæд ын æй ба- бастой, уæдæ цы, фæлæ райсоммæ къах срæсыд, ныссырх, æмæ йæ уæд йæ лæппу Чъребамæ ракодта. Бацыдысты дохтыртæм. Дохтыр æй бафарста, цавæр куыдз уыд, уæдмæ дæ никуы федта, зæгъгæ. Загъта йын, сыхæгты хъæхъхъаг куыдз уыдис, уæдмæ мыл никуы хæцыд, фæлæ мæ, æвæццæгæн, нал базыдта. Дох- тыр уæддæр фæдызæрдыг ис, уæдта ма æрра низæй рынчын у, зæгъгæ. Лæгæн судзин сарæзтой, хос дæр ын радтой, фæлæ лæппуйæн загъта дохтыр: - Дæ фыды ам уадз, схуыссын æй кæндзыстæм æмæ йæм хос- тæй фæкæсдзыстæм, ды та ацу, амарут уыцы куыдзы, йæ сæр ын ралыг кæнут æмæ йæ ардæм æрхæсс, анализ ын хъуамæ скæнæм. Ацыд лæппу æмæ хъæуæн куы радзырдта хъуыддаг, уæд тынг старстысты. Куыдзы амардтой, йæ сæр ын ралыг кодтой, дзæбæх æй стыхтой гæххæтты, хызыны йæ нывæрдтой æмæ йæ лæппу рахаста. Æрхаста йæ рынчындонмæ, фæлæ, куыд рабæ- рæг, афтæмæй лабораторийы цыдæр препараттæ нæ разынд æмæ куыдзы сæр Тбилисмæ æрвитинаг фæцис. Уæд ма Чъребайæ Тбилисмæ поезд цыдис. Арвыстой лæппу- йы æд куыдзы сæр, ацы æмæ ацы уынгыл ис лаборатори æмæ йæ уырдæм бахæсс, зæгъгæ. Ацыдис лæппу. Вагоны бандоны бын бафснайдта йæ хызын, йæхæдæг дæр уым сбадтис. Поездæн йе ’гъдау куыд у, афтæ цыд: алы станцы дæр-иу баурæдта. Иутæ æддæмæ ахизынц, иннæтæ мидæмæ æрбахизынц æмæ та анкъуысы. Гурæй куы ахызт, уæд та иу станцы æрлæууыд. Ам тынг бирæ адæм схызт æмæ, лæппу кæм бадт, уыцы вагоны къух бакæнæн дæр нал уыд, уыйбæрц адæм дзы æрбакалдис.
Æрхæццæ ис Тбилисмæ поезд æмæ адæм разæй кодтой. Лæп- пу дæр сыстад, йæ бандоны бын асгæрста,хызын райсон, зæгъгæ, фæлæ... дæхионæй дæ бон хорз! Чидæр йæхицæн атеу-теу кодта куыдзы сæр. Лæппу исдуг джихæй аззад, стæй йæм худæг фæкаст «Æнæрай скæн дæ хæдзарæй, чидæриддæр уыдтæ. Куыдзы сæр давгæ цæмæн кодтай, æз дын æй æнæуый дæр нæ бахæлæг код- таин, фæлæ ныр мæ фыдæн куыд базондзысты дохтыртæ, æрра куыдз ыл фæхæцыд æви зондджын?.». Уыйадыл раздæхт фæстæмæ, йæ фыды йын дыууиссæдз бо- ны нæ рауагътой рынчындонæй, дыууиссæдз судзины дæр ын сарæзтой профилактикæйы тыххæй.
(РЯЗЯЫХЯС Цхуырбаты Мерийæн гуырдзиаг чиныгкæсджытæ ныр фондз æмæ ссæдз азæй фылдæр стыр цымыдисæй кæсынц йæ аивадон тæлмæцтæ, очерктæ æмæ нывафыстытæ. Мери у, ирон æвзагæй гуырдзиаг æвзагмæ чи тæлмац кæны, уыцы фыццаг ирон сылгой- маг. Уый, филологон ахуырад райсгæйæ, йæ тых, йæ хъару снывонд кодта тæлмацы хъуыддагæн. Гуырдзиаг чиныгкæсджытæ Цхуыр- баты Мерийы тæлмацæй базонгæ сты «Ирон аргъæуттæ æмæ таурæгътимæ», «Нарты кадджытимæ», Беджызаты Чермен, Хъуы- латы Созырыхъо æмæ бирæ æндæр ирон фысджыты аивадон уац- мыстимæ. Мыхуыры йын рацыдысты Тбилисы æмæ Цхинвалы ра- уагъдадты. Уыцы уацмыстæ Цхуырбаты Мерийы дæсны тæлмацы руаджы тынг фæцыдысты гуырдзиаг чиныгкæсджыты зæрдæмæ. Хорз аргъ сын скодтой гуырдзиаг литературæзонджытæ, критиктæ. Мери у, ирон æвзагæй гуырдзиаг æвзагмæ аивадон уацмыстæ тынгхорз тæлмацгæнæг æмæ ист æрцыд Советон Цæдисы фысджы- ты Цæдисыуæнгæй. Цхуырбиан аивадон уацмыстæ тæлмац кæны гуырдзиаг æв- загæй ирон æвзагмæ дæр æмæ йын уым дæр дзæбæх æнтыстытæ ис, дыууæ æвзаджы дæр хорз кæй зоны æмæ йæм фыссæджы кур- диат кæй ис,уый фæрцы. Ныр та Цхуырбаты Мери йæ мадæлон æвзагыл ныффыста роман «Æнæамæлгæ уидаг». Романы сæйраг архайæг у сылгоймаг - мад, сылгоймаг - удыхай, хæдзары æмæ æхсæнады стыр уæз хæс- сæг. Романы тынг зæрдæмæхъаргæ хуызтæй автор сныв кодта Евайы фæлгонц. Ацы фæлгонцы дæсны æгъдауæй кæрæдзимæ баст сты сылгоймаджы зæрдæйы уаз æнкъарæнтæ æмæ удфидардзи- над. Рье,уыцыудфидардзинад æмæ стыр, сыгъдæг намыс фæуæлахиз сты царды алы рыстытæ æмæ зындзинæдтыл. Романы æвзагу хуымæтæг æмæ фæлмæн. Нæй дзы тыхбакæнгæ дзырдтæ, æнæхъæугæ уæлдай бынæттæ. Архайджытæй алкæмæн дæр ис^ йæхи удыхъæд, йæхи бæллицтæ. Автор фыссæджы цæстæй кæсы йæ романы æппæт æрцæугæ хабæрттæм æмæ сæ кæм йæ си- сæй ныв кæны, кæм та сæ йæ зæрдæйы æнкъарæнтæй дзуры. Уымæ гæсгæ сæ, киномæ кæсæгау фендзæн æмæ сæ зæрдæйæ банкъардзæн чиныгкæсæг дæр. Гуыцмæзты Михал. 1982 аз
ЖЯЖЯМÆЛТÆ УШЯТ Мзиа, мæ хо, дæ рухс ном дзы арыи! (Чындздзон чызгæй шрагикон æгъдауæй фæмард.) 1 Хъæдын сынтæг йæ хъинцъ-хъинцъæй нал æнцайы. Зæронд ус куы йæ иу фарсыл æрзилы, куы - иннæйыл. Йæ баз дæр цал æмæ цал хатты арафæлдах-бафæлдах кодта, фæлæ нæй, хуыссæг æм æмгæрон нæ цæуы. «Сыстон æмæ цы бами кæнон?.. Бон дæр нал кæны, мауал мыл сбон уа...» Æгæр æрхауд ацы фæстаг рæстæджыты. Нал ^æй йæ хъару хæссы, нал ын зæрдæ ис, уæддæр йæхи нæ сæтты. Йæ хуыссæг та кæдæм фæлыгъд, диссаг?.. Фæсахсæвæртæй ахизы, уæдмæ не схуыссы, кæд, дам, бафы- нæй уаин, фæлæ, марадз зæгъ... Кæрты зæронд тутабæласыл бадæг хъембыр уасæг йæ бæзджын хъæлæсæй стъалытæй йе- мыдзаг арвмæ куы ныхъхъихъри кæны бонæрдæм, уæд та зæ- ронд ус йæ уаты фестъæлфы æмæ йæ хъуыдыты хал аскъуыйы. Уасæг дыккаг хатт куы ныууасы, уæд арвæн дæр йæ цæсгом ай- тынг вæййы, стъалытæ кæмдæрты аныгъуылынц. Ус фæрафт- бафт кæны, стæй афтæ фæллад-фæлмæцыдæй расты, цыма уыцы даргъ æхсæв фæлмæн гобаныл нæ, фæлæ хуыртыл хуыссыд. Сæуæхсид фæрссæгтæй багудзицц кодта æмæ уаты сæхи рав- дыстой хæдзарон дзаумæттæ. Зæронд ус стыр зынтæй растад йæ хуыссæны, сынтæджы раз йæ къæхтæй йæ дзабыртæ бацагуырдта, йæ дзаумæттæ дæр, оффытæгæнгæ, скодта æмæ дуары ’рдæм фæцæуæг. Дуары хъинцъмæ, пецы бын хъисыны гæппæлыл цы гæды хуыссыд, уый фæгæпп кодта, йæхи айвæзта æмæ, миаумиаугæнгæ, йæ хи- цауы фæстæ арæуæг. Ус тыргъы йæ лæдзæг райста æмæ сабыр- гай, йæ къахдзæфтæ нымайгæ, зæронд асиныл æрхызт. Хæхтæй ирдгæ дымдта æмæ бæлæсты сыфтæртимæ сусу-бу- су кодта. Кæрчытæ бæласæй зæхмæ æртахтысты æмæ скъæты
фарсмæ тымбылгонд бырæттæ сæ къæхтæй къахтой. Нард, пух- къæдзил гæды йæ хицауы сау къабайыл йæхи сæрфгæ цыд æмæ, кæрчыты астæу сæрыстырæй цы уасæг лæууыд, уымæ ахæм цæстæй касти, цыма йын дзырдта: уæгъды мæм кæсыс уæлейæ дæлæмæ. Ды дæр, мæнау, ныззæронд дæ. Кæд дæ нæ уырны, уæд деттæ дæ зыкъуыритæ къæхтæм æркæс... Скъæты дуар ын дысон гомæй баззад. Рæуæд йæ къæлæтæй феуæгъд, йæ мады цъыртдад бакодта æмæ хъугæн йæ фæздон, лæмæрст хæцъилау, дзедзлой кодта. «Ничи йæм кæсы ацы бирæгъты холымæ, куыд сфыдуаги! Хъуджы æддейæ хъуыд уадзын, нырма афтæ уазал нæу»... Æндæр хатт бамæт кодтаид зæронд ус, фæлæ йæм абон йе ’рдуцыны тых дæр нæ уыд æмæ йæ ницæмæ æрдардта. Хъуджы æддæмæ расырдта, ведрайы хъæдын къус ныппæрста, цæмæй дон йæ былтæй ма кæла æмæ араст донæрдæм, йæ лæдзæг къупп- къуппгæнгæ. Кæртæй рахизæны уæллаг фарс нартхордоны бынæй Мила, зивæггæнгæ, рахылд æмæ нымæг хъæлæсæй, хъæрзæгау, нын- ниудта. Гæды бамбæрста, ныр мын фæстæмæ аздæхын хуыздæр уыдзæн, зæгъгæ, æмæ кауы сæрмæ сгæпп кодта. Куыдз йæхи бауыгъта, æнæуынон цæстæй скаст гæдымæ æмæ зæронд усы фæд-фæд смудгæ ацыд. - Аздæх, Мила, аздæх фæстæмæ! Хæдзармæ дын зæгъын! - ра- каст æм ус. Куыдз йæ фæстæгтыл абадтис æмæ фæрсæгау скаст, ома цы кодтай, ацы ’хсæвыцъæхæй нæм чи цæуы, цæуыл тыхсыс?.. - Ацу, Мила, ацу хæдзармæ, - ноджы та йæм бахатыд ус лæгъстæгæнæджы хъæлæсæй. Куыдз фæстæмæ аздæхт. Ус цыд сындæггай. Йæ хъустæ доны хæл-хæл ахстой. Дон йæ цæхæрадоны^дæллаг кæрæтты цыд. Доны сæрты уыд иу хъæд æвæрд хид. Иæ иу кæронæй иннæмæ - хæцынæн рейкæ хуыд. Хидæй чысыл æддæдæр, донæн йæ тæккæ астæу лæджы бæр- зæндæн - къæдзæхдур. Йæ сæр ын цыма барæй алæгъзчындæ- уыд, уыйау уыд мусгонд тъæпæн. Зæронд ус бон фынддæс хат- ты куы ахызтаид ацы хидыл, фынддæс хатты дæр дурмæ ныкка- стаид æмæ-иу йæ зæрдæйы сусæг уынæргъын райхъуыст... Цæугæдон афтæ ныггыццыл æмæ дойнагдуртæн сæ сæртæ сурæй зындысты. Дон уæддæр йæхи нæ саста. Уыцы уырдыджы
йæ тых, йæ бонæй мæсты згъорд кодта. Къæдзæхдурыл йæхи хо- ста, фæлæ йын йæ бын дæр тыхæй хуылыдз кодта. Дур лæууыд сæрыстырæй æмæ тыхджын лæджы тæригъæдгæнаг цæстæй каст донмæ, ома ныр æрдæг æнусæй фылдæр тох кæныс мемæ, фæлæ мын дæ бон ницы у. Æцæгдæр, æрвылаз донивылды рæстæджы цæугæдон ацы дурыл йæ тыхтæ æвзары, фырмæстæй йыл йæ фынк акалы, фæ- лæ йын нырма ницы бафæрæзта. Дур йæхинымæр бахуды, мæ фæрстæ, дам, чысыл бахуылыдз кæнын. Сæрды тæвды хъæуы сывæллæттæ ацы дурыл рарæгъ-рæгъ вæййынц, сæхи йыл хурмæ фæсудзынц. Хъæуы ма зæрæдтæн лæууы сæ зæрдыл ацы дуры хабар, æндæра фæсивæд, чизоны, афтæ дæр æнхъæлынц, цыма уыцы бынаты сæвзæрд... 2 - Ацы лæгдуры йæ бынатæй чи феккуырсын кæна, уымæн иу бонгæн зæхх - мæнæй лæвар! - загъта нуæзтджын Леван æмæ фæсивæдыл йæ цæст ахаста. Магъалашвили Леван Гуиргуинайы æлдар Гарсеваны иу- нæг фырт уыд. Гарсеван уыцы комбæсты зынгæ лæг уыд йæ рæстæджы. Йæ зæххытыл цæст не ’ххæссыд, йæ фосы дзугтæн нымæц нæ уыд, фæлæ йæ уæддæр зыд æмæ кæрæфæй зыдтой. Бирæ йын уыд. Ноджы йæ фылдæр хъуыд æмæ мæгуыр адæмæн сæ туг æхсныфæй нуæзта. Мæнæ-мæнæ ма æхсин Гайане дæр йæ сæрыхицауы хуызæн дурзæрдæ разынд, уæд, æвæццæгæн, сæ хæдзар зындон фестадаид. Леван иунæг кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ буц хъомыл код- той. Цалынмæ йыл дыууадæс азы сæххæст, уæдмæ йæ сæ цæст ахуырмæ арвитын дæр нæ бауарзта. Йæ мад Гайане йын амыдта кæсын-фыссын æмæ æвзæгтæ дæр. Хæларзæрдæ, рæдау сылгой- маг йæ хъæбулы чысылæй фæстæмæ рæстдзинад æмæ адæмы уарзондзинадыл ахуыр кодта. Æмæ, æцæгдæр, лæппу фыды миниуджытæй ницы рахаста. Йæ ныййарæгау хæлар æмæ нæртон рацыд. Тæригъæдгæнаг уыд. Уыйхыгъд стыр аргъ кодта йе ’мгæрттæй тыхджындæртæн. Йæ- хæдæг дæр тыхджын уыд, уонгджын, бакастджын.
Леван цалдæр азы фæцахуыр кодта Кутаисы гимназы, фæлæ цæй ахуыр æмæ цæй цыдæр... Æхсæвæй, бонæй хæрæндæтты цæл æмæ минасæн бахъуыд. Гарсеван бамбæрста: йæ фыртæй ахуыр лæг нæ рауайдзæн, уæгъды хардз кæны йе ’хца æмæ йæ фæстæмæ ракодта, хæдзарон хъуыддæгтæ уæддæр сахуыр уа æмæ мæ фæстæ мæ исбонæй рæстмæ пайда кæнын уæддæр ба- зона, зæгъгæ. Фæлæ та ам дæр нæ фæрæстмæ Гарсеваны хъуы- ды. Лæппу Кутаисæй цæугæ æнцонæй ракодта хъæумæ, фæлæ ам дæр цуан æмæ цæлкæнын йеддæмæ ницы арæзта. Мæнæ, ома, æз æлдары фырт дæн, ды та мæ фæсдзæуин, ахæмтæй йæм ницы уыд. Йе ’мцахъхъæн мæгуыр лæппутимæ-иу ыл бон хъæлдзæ- гæй баизæр. Йæ фыды сусæгæй сын фынгтæ дæр æвæрдта. Фыд бæргæ мæсты кодта йæ фырты æнæсæрфат митыл, фæ- лæ йын цы зæгъæн уыд - мад иудадзыг, цъиуджын каркау, йæ сæрыл хæцыд. Æхсинмæ тынг стыр амондау каст, адæм ын йæ иунæджы кæй уарзтой, уый. - Ныууадз сывæллоны, цы дзы дæ ныхтæ ныссагътай! Адæм ыл цæрддзутæ кæнынц, уымæй хуыздæр цы хъуамæ уа, - загъта- иу ын Гайане. - Мæ фæндейæ, иууылдæр дæ аххос у Скъулбадæг æй кодтай æмæ нæ - ахуырæй фæци, нæ хæдзары истæмæ рæхсы. Куыд цæрынмæ хъавы, уый ма мын зæгъ?! - йæ пырх калдта сылгой- магыл æлдар. - Хорз лæджы хуыцау нæ фесафдзæн, - фæлмæн хъæлæсæй-иу загъта æхсин. Леван фыды маст æрдумæ дæр нæ дардта. Ахæм рæстæджы-иу йæхи Кутаисмæ асайдта истæй æфсон æмæ-иу къуьцэигæйтты йе ’мбæлттимæ йæ рæстæг æрвыста цæлы фынгтыл. Иæ горæттаг хæлæрттæ дæр ыл тынг зæрдийæ уыдысты. Зыдтой, Леван хъæуæй æрцыд, уæд та дзы минас уыдзæн. Æмæ-иу цалынмæ Леванæн йæ дзыппытæ сафтид сты, уæдмæ-иу сын алыбон дæр фысым йæхæдæг уыд. Æхцатæ фесты, уæд та нозтфæлладæй фæстæмæ хъæумæ. Фыд та хыл самайдзæн. Мад æй басабыр кæндзæн. Афтæ^æрвыста йе ’взонджы бонтæ æлдары хъал лæппу. Ца- лынмæ йæ ныййарджытæ гас уыдысты, уæдмæ хæдзары хъуыд- дæгтæ уымæ æппындæр никæцæй хаудтой. Стæй хистæртæ куынæуал уыдысты, уæд хæдзар дæр æмæ утæппæт мулк дæр
Леваны бæрны баисты æмæ, цин дæ удæн фенон, уый сын сæ бы- нæй рухс куыд суагъта. Утæппæт зæххытæ се ’рдæгыл баурæдта. Кæй дзы уæй акодта, кæй хаццоны радта. Йæ дзæбæх зæрдыл-иу куы уыд, уæд лæварыл дæр нæ ауæрста. Æнæхин, хæларзæрдæ кæй уыд, уый тыххæй дзы йæ хъæу- бæстæ райгонд уыдысты æмæ йæ хъæуыхицауæй дæр уымæн равзæрстой. Хуыцаубон уыд æмæ адæм улæфыдысты. Хъæуы сæрмæ, дзуа- ры хъæдрæбын, ныхасы бадтысты зæрæдтæ, фæсивæд та чысыл фалдæр цъæх нæууыл, чи бадгæйæ, чи - лæугæйæ, алы худæн ныхæстæй сæхи ирхæфстой. Ныхасæй чысыл æддæдæр, цыма, зæхх йæ сæрæй стыдта, ахæм лæуд кодта уыцы лæгдур. Леваны ныхасмæ лæппутæй хъаз- гæйæ чидæртæ афæлвæрдтой сæ тыхтæ, фæлæ уыдон зыдтой нарты гуыппырсартæй дæр ничи фезмæлын кæндзæн ацы дуры йæ бынатæй. «Иу бонгæн зæхх, хæдзар, бинонтæ, кæрты фос...» уыцы ир- дæй ауадысты йæ цæстытыл ацы нывтæ. Æгæрыстæмæй, ног- дыгъд æхсыры тæф дæр банкъардта уыцы уысм... Æмæ стæй йæхæдæг дæр нал хъуыды кæны, куыд февзæрд дуры цур. «Гъæйтт, фæстæ алæуут», - фæкодта, фæлæ йæ хъæлæс йæхи- мæ дæр нæ фехъуыст. Йæ даргъ цæнгтæ æрбатыхта дурыл æмæ йæ, кауы михау, фелвасынмæ æрхъавыд, фæлæ дур хъенæй лæууыд... Къотъе ницы уыдта, ницы æмбæрста, йæ тых, йæ бо- нæй дуримæ хъæбысæй хæцыд. Йæ цæсгом ныффæлурс, йæ фæ- сонтæй хид схъардта. Лæппу, куыдфæстагмæ, сызнæт æмæ нал æмбæрста, дуримæ æвзæрста йæ тых æви йæ хъысмæтимæ. Кæд а бæстыл рай- гуырд, уæд ын цæрыны фадат дæр хъуамæ уыдаид. Кæдмæ хъуамæ цардаид искæйы къуымы, кæдмæ хъуамæ кастаид ис- кæй цæстæнгасмæ? Иæ фыды ’фсымæрæй ницы хъаст кодта - сидзæрæй йæ схъомыл кодта, фæлæ бирæ бинонтæ уыдысты, сæхи дарын дæр сын зын уыд. Кæд Къотъе се ’ппæтæй фылдæр куыста, уæддæр æм афтæ каст, цыма ацы хæдзары уæлдай уыд... Æмæ ныр... Иу бонгæн зæхх... Иу бонгæн зæхх æмæ уæртæ уы- цы урсуæраг чызг... Æндæр ницы... Стæй цардæн исты фæрæзтæ кæндзæни...
Ацы миты хъæпæны хуызæн чызгыл йæ цæст куы схæцыд, уæдæй фæстæмæ йæм дуне æндæргъуызон каст. Уæдмæ сидзæр, æнæрæвдыдæй хъомыл лæппуйæн йæ зæрдæ нæдæр æрдзы рæсугъддзинад æнкъардта, нæдæр æй хур тавта. Ацы дыууæ æрвгъуыз цæсты иу æрбакаст-иу ын ахæм хъарм ныттагъта йæ ихцъити зæрдæйы - цæрæнбонты цы нæма бавзæрста... Фарон сæрд иу мæйы бæрц баззад Ева йæ мады ’фсымæртæм. Афтæ бирæ рæстæг сæм никуы лæууыд, йæ фыд дæр-иу æй нæ уагъта. Ацы хатт æй йæ къах нал хаста сæ хæдзармæ. Æхсæв-иу сбонмæ бæллыд, уыцы лæппуйыл та йæ цæст куы схæцид... Йæ рæвдаугæ цæстæнгас лæппуйы зæрдæйы ныфс бауагъта æмæ йын иу изæр хъазты раргом кодта йæ уарзт. Ницы зæгъын баци йæ бон Евайæн, фæлæ йыл уыцы ’хсæв афтæ ныддаргъ, цыма æртæ ’хсæвы баиу сты. Къотъе дæр ирддзæстæй сбон кодта. Нæ бамбæрста, хъыг æм фæци чызг æви æфсæрмæй ницы загъта... Фæлæ дыккаг изæр худгæ цæсгомæй куы сæмбæлд лæппу- йыл, уæд дзы зæгъинаг ницыуал уыд. Æ, зæдты уæлейæ абадой уыцы сæрдыгон изæртæ! Йæхи куы базыдта Къотъе, уæдæй фæстæмæ йæ зæрдæ, цыдæр хорз- дзинадмæ æнхъæлцау, афтæ æхцон, фæлмæн, дзинг-дзинг ни- куыма кодта. Ева мадæй сидзæр уыд æмæ йæ йæ мады ’фсымæртæ тынг буц дардтой. Фыд дæр æй рæвдыдцух нæ уагъта. йæ удæй фылдæр уарзта йæ иунæг чызджы. Фæлæ мады ад никæмæй цæуы. Си- дзæр тынгдæр æнкъары æмæ фылдæр аргъ кæны ныййарæджы рæвдыдæн. Дыккаг мад дæ цыфæнды зæрдæхæларæй рæвдауа, уæддæр йæ ном йæ уæлæ ис... Кæрæдзийы зæрдæйы уаг бæргæ æмбæрстой, фæлæ куыд ра- уайдзæн сомбон сæ хъуыддаг, уый уыд дызæрдыггаг. Зыдта Къотъе, цæрдхъом фыды чызг уыд Ева æмæ йæ ахæм гæвзыкк лæппуйы разæй кæм скодтаиккой. Æниу æй куы радта- иккой, уæддæр æй кæдæм акодтаид?.. ...Тулдзы бын чызджытæ цæуылдæр кæл-кæлæй худтысты. Къотъе тулдзырдæм нæ каст, фæлæ йæ хатыд, иннæты сусæгæй йæ дыууæ цъæх цæсты куыд хъахъхъæдтой. Ацы хурау худгæ, рæвдаугæ цæстытæ йæ знæт кодтой, цыдæр тых уагътой лæп- пуйы уæнгты. Ох, куыд тынг æй фæндыд, куыд тынг, куы фæ-
уæлахиз уыдаид ацы дурыл... Зæххыл нырма амæй стырдæр бæллиц никуыма сæвзæрд йæ зæрдæйы. Йæ рахиз уæрагыл æрæнцад æмæ йе уæхскæй ахæцыд дурыл. Йæ бæрзæйы нуæрттæ адымстысты, йæ цæстытæ цыма тугæй айдзаг сты. Лæгдур афтæ фидар лæууыд, цыма йæ уидæгтæ зæх- хы хуылфы ауагъта. Лæппутæй иутæ разæнгард кодтой Къотъейы: - Чысыл-ма, иучысыл-ма æмæ йыл фæтых дæ! Иннæтæ та йын, йæ фæлурс цæсгоммæ кæсгæйæ, тарстгъуызæй дзырдтой: - Ныууадз æй, хуыцау дæ нæ мары æмæ дæхи дæхæдæг цæ- уыл марыс?!. Къотъе адæмы хъæлæба нæ хъуыста. Йæ зæрдæйы гуыпп- гуыпп æмæ йæ дымст тугдадзинты сæххæттæй йæ хъустæ ныг- гуыппæг сты. Æмæ куы иуæрдыгæй, куы иннæрдыгæй дурыл йæ тых, йæ бонæй æнцад. «Ай циу? Мæ сæр разылд æви дур йæ бынатæй фезмæлыд?» - Гъе-гъе, лæппу!.. - схор-хор кодтой алырдыгæй. Хъæр, цыма, дардæй, тынг дардæй райхъуыст. Адæм дæр, цыма, дард, тынг дард дзолгъо-молгъо кодтой... Æрмæст ацы къæдзæхы фæзгъæр, цыма, ноджыдæр сырæзт. Куырм уæйыгау ныццæхгæрмæ лæппуйы раз æмæ арты стъæл- фæнтæ калы... Туджы зæй раивылд йæ цæстытыл, рæстмæ сæ ни- цыуал уыны. Дур йæ разы, знæт сырдау лæууы. Иу уысм дæр йæ къух куы феуæгъд кæна, уæд æй ныттыссæг кæндзæн... Йæ бынаты кæй базмæлын кодта лæгдуры, уый йын йæ тых- тæ цыма фæдывæр кодта. Æмæ стæй цы ’рцыд, уымæй йæхæдæг дæр фергъуыйау: дур йæ къухтæй æрхауд æмæ уым дæлæмæ йæ разæй ахаста хуырæй, æндæрæй. Чысыл фæстæдæр хъæуы дæл- лаг фарс комы доны йæ тъæпп фæцыд... Иу уысм алцы дæр ныхъхъус. Фырдисæй, цыма, байгомыг сты адæм. Уыцы æгуыппæджы, арвы нæрдау айхъуыст Магъалашви- лийы хъæлæс: - Æз нæ зонын лæг, æви цы?! Хæлар дын уæд иу бонгæн мæ зæххытæй! Иу хæдзарваг ма дын хъæдæрмæг дæр лæвар кæнын мæ фыд Гарсеваны хъæдæй! - йæ хуылыдз уæхск æрхоста Къотъейæн. - Хуыцау дын ноджыдæр радтæд, мæ хур, - Къотъейы бæсты йын раарфæ кодта зæронд Бибо. - Иу хæдзар та фæфылдæр уы- дзыстæм æмæ дæуæн дæр пайда æмæ хъæуæн дæр.
- Бибо, мæнæ нæ хъусыс, революцитæ цæуы бæстыл æмæ мын мæ зæххытæ тагъд иууылдæр байсдзысты. Уадз æмæ сидзæр лæппу йæхицæн схæдзар кæна. Искуы, куынæуал уон, уæд мын рухс зæгъдзæн æмæ йæ зæрдыл дардзæн, æвзæр лæг нæ уыд Магъалашвили Леван, - ныххудт хъæуыхицау. - Хуыцау дæ бахизæд, мæ хур, мæлæтæй. Дæ фыдæй ницы мæ бон у раппæлын, фæлæ дæуæй дæ чысылæй фæстæмæ маст ничи зоны. Цæр, мæ хур, цæр, æнæниздзинад дын хуыцау раттæд. Бæргæ дын цот дæр куы уыдаид... - Хуыцау, Бибо, йæхæдæг хуыздæр зоны, кæмæн цы радта... Къотъе æнцад лæууыд. Йæ цæнгтæ цыма йæ уæлæ ауыгъд уы- дысты. Лæппутæ йыл тымбылтæ кодтой, цыдæртæ йын дзырд- той. Уый та, цыма йе ’взаг аныхъуырдта, йæ бон дзурын нæ уыд. Йæ цæсгомы хуыз цъусгай-цъусгай йæ бынатмæ цыд. Æмæ йæхи куы æрæмбæрста, уæд фыццаг хъæуыхицаумæ нæ, фæлæ тулдзырдæм азгъордтой йæ цæстытæ. Ева уым нал уыд... Йæ сæр зылд, йæ хъустæ гуыз-гуыз кодтой æмæ йæм алцы- дæр фынфенæгау каст. Йæ цæст адæмыл ахаста. Лæууыдысты æмæ хъæрæй дзырдтой. Хур акъули. Сдымдта. Къотъе уым дæлæмæ фæраст. Йæ къæх- тæ йæ тыхæй хастой. Фæллад, тынг фæллад къахдзæфтæй цыд хъæуæрдæм. Донмæ куы ныххæццæ, уæд фырцинæй йæ риуæй цыдæр галы богъы хуызæн сирвæзт... Доны астæу, кæуыл фæтых, уыцы тъæпæнсæр лæгдур хуыссы æмæ йæ уæлæ бæгъæввадæй лæууы Ева... 3 Уыцы аз тагъд аивгъуыдта, Къотъе йæ зонгæ дæр нæ бакод- та. Боныцъæхтæй ’хсæвдалынгтæм æнæбаулæфгæ куыста. Ныр ын зæххы гæппæл уыд, чысыл, фæлæ уæддæр - йæхи сæрмагонд. Фæззæджы кæрон уыцы зæххыл иу чысыл хъæдын хæдзар дæр сарæзта. Урс-урсид чызджы фыд стыр ирæд æрдомдта. Чызг хорз зыд- та - иунæг, сидзæр лæппуйæн нырма йæ дуармæ цыппаркъахы- гæй гæды дæр нæ уасыд. Ирæды фаг мулк кæцæй самал кодта-
ид? Ацы хабар чызджы фыд Парса дæр дзæбæх æмбæрста æмæ комкоммæ «нæ» зæгъыны бæсты дæрдтыл уымæн æрзылд... Чызгæн та йæ зæрдæ дзырдта: ацы рæсугъд, хæларзæрдæ лæппуйы амонд куынæ суай, уæд дыл дæ цард æнæадæй аив- гъуыйдзæн... Æмæ иу мæйдар æхсæв лæппуйы фæстæ^сусæгæй ахъуызыд... Райсом æрæгмæ базыдта хабар Парса. Йæ зæрдæ йæ цыдæр æвзæр æнхъæлцау æлхыскъ кодта. Бинонтæ æмыр, тарстгъуы- зæй рафт-бафт кодтой. Мийæн йæ сæрбос нæ ардтой æмæ зæ- ронд лæг спыхси: - Абон къæбæр хæрыны фæнд нал кæнут, цы мард уыл æрцыд?! Ничи йæм ницы сдзырдта. Чысыл фæстæдæр фынг æрæ- вæрдтой æмæ Евайыл йæ цæст куынæ схæцыд, уæд та рамæсты Парса: - Уыцы чызг та цæмæннæ рацæуы фынгмæ!? Гыгы йæ хуыз аныхъуырдта... - Сымах куы фæрсын?! - цыдæр фæхатыд зæрдæ. Гыгы скуыдта: - Ам нæй, нæй... Ацыди... Къотъеимæ ацыди... - Ацыди? Уый та, дам, циу? Æмæ кæм уыдыстут афонмæ, и?! Зæронд лæг фырмæстæй фынг йæ къахæй скъуырдта æмæ фæуæлгоммæ. Хъæр, хъыллист фестад хæдзар. Сыхæгтæ дæр æр- балыгъдысты, циу, цы æрцыди, зæгъгæ, æмæ хабар куы базыдтой, уæд иуцалдæр лæппуйы Таймуразимæ бæхтыл Гуиргуинамæ ныххафтой, сæ разæй Парса, афтæмæй. Къотъе æмæ Ева уыцы ’хсæв Ладитæм сбон кодтой, Ладийы бæргæ нæ фæндыд ацы хабар, фæлæ Парсайы дзуаппыл йæ зæр- дæ худт æмæ нал балæууыд йе ’рвады раз. Зыдта йæ, райсомæй лæбурджытæ уыдзæн, чызг карчы цъиу нæу æмæ алцы дæр æнæтугкалдæй куыд ахицæн кодтаид, ууыл бацархайдта. Хъæуы дзырддзæугæ лæгтæй иуцалдæрмæ фæдзырдта, хъуыддаг сын бамбарын кодта æмæ цæлы фынгыл рабадты- сты, фæлæ нуæзтæй сæхи хызтой, æнхъæлмæ кастысты фæ- дисæтты фæзындмæ. Бирæ æнхъæлмæ кæсын сæм нæ бахъуыд. Æрбахæццæсты. Хъæр, хъæлæба. Лади Парсамæ худаистæй ба- цыд æмæ йын сабырæй афтæ: - Хылы сæр нæ нæ хъæуы, Парса, дæ рынтæ бахæрон. Бафæр- сæм чызджы, кæд æй нæ лæппу тыхæй раскъæфта, уæд азым- джын уыдзыстæм æмæ нын куыд стæрхон кæнат, афтæ фæуæд...
- Лади, цы мæ хынджылæг кæныс? Чызджы ма кæд чи фарс- та? Æви ам исчи дæ сывæллон у?! - йæ пырх калдта Парса. Уæдмæ Таму алцыдæр базыдта æмæ йæ фыдæн бамбарын кодта: тыхмийæ дзы ницы уыд æмæ чызг маргæйæ дæр фæстæ- мæ нал акомдзæн, зæгъгæ. Парса йæ йæхæдæг дæр æмбæрста, тыхми дзы кæй нæ уыд, фæлæ йæм сæ ныфс куыд бахастой, уый йæ æргæвста, æмæ хъæрæй ралгъыста йæ иунæг саударæджы: - Абонæй фæстæмæ мæнæн чызг нал ис, дæуæн та - фыд! - стæй фæстæмæ фездæхт, лæппутæ дæр йæ фæстæ ныххал сты. Ева фæстаг хатæны Къотъеимæ лæууыд æмæ алцыдæр хъуыс- та. Йæ цæсгом ныффæлурс, сæры хъуыдытæ кæрæдзи ивтой. «Куыд æвзæр ми бакодтон, мæ сæр амæла, куыд... Цы зæгъдзыс- ты хъæубæстæ?.. Уæд та мæ æцæгæй скъæфгæ куы ракодтаид, мæхи къахæй рацыдтæн хъæуы кæронмæ.. Гыгы дæр мын мæ хъуыддагыл хорз батагъд кодта - рачындз мæ кодта сусæгæй...» Æмæ фыды æлгъыст йæ хъустæ куы ацахстой, уæд æй иу уысм йæ зæрдæ афтæ фелхыскъ кодта, æмæ фыррыстæй йæ цæстытæ атарытæ сты. Фæлæ уый уыд иу уысм, æрмæст иу уысм, стæй Къотъейы æнхъæлмæкæсæг цæстæнгасыл куы фем- бæлдысты йæ цæстытæ, уæд йæ зæрдæ фæстæмæ хуры фарсмæ абадт. Æгæрон уарзондзинадæй æрттывта лæппуйы цæсгом. Дардыл байтыгъта йæ даргъ цæнгтæ æмæ йæ чызг йæхæдæг дæр нæ фæхатыд уыцы фæтæн, тыхджын риуыл куыд бакъул кодта йæ сæр... «Тæригъæд дæ, баба, тæригъæд æнæ мæн, фæлæ æз дæуæй тæригъæддæр дæн. Кæдмæ кастаин дыккаг мады цæстæнгасмæ, кæдмæ? Уыныс, цыма йæ^нæ зыдта, дысон цæуинаг уыдтæн, ома йын Гыгы ницы загъта? Йæхи дæр афтæ фæндыд, æвæццæгæн... Гыццийы амæлæты фæстæ мæ зæрдæмæ хур, æрмæст Къотъе- йы куы базыдтон, уæд ныккаст. Зын у баба, æнæрæвдыд, æнæ- уарзондзинад а бæстыл цæрын... Зын у æмæ мын ныббар... Æз амондджын дæн, зон æй, баба. Ахæм цæргæсы базырты бын дæ иунæгæн тас ницæмæй у..». - Лæппуйы риуы ритмон улæфт чызджы сæр узæгау кодта æмæ цъынддзæстæй хъуыдыты аныгъуылд... Сæ бацарды фыццаг бонты сын чысыл цыдæртæ Лади æмæ йæ ус Елбачион æрбахастой: хуын, хæдзарон мигæнæнтæ, иуы фæлыст хуыссæнтæ.
- Бæргæ, мæ бон куы уаид æмæ дын хай куы раттин, дæ рын- тæ бахæрон, фæлæ уыцы хæдзары схъомыл дæ æмæ мыл дæ зæрдæ ницæмæй фæхуддзæн, æнхъæл дæн. Сæгътæй иу æд сæ- ныкк æмæ дын мæнæ нæ дыгæрдыг, æндæр дын мæ бон ницы у, - загъта Лади. Къотъе фырæфсæрмæй дзурынмæ дæр нал арæхсти, ног чындз та фыддæр. Æмæ Ладийы ус Елбачион фынг йæхæдæг ацæттæ кодта сæхи ’рбахæссæггæгтæй. Акуывтой сын, сæ зæр- дæ сын бахъæлдзæг кодтой, ныфсытæ сын авæрдтой. Лади чын- дзæн йæ уæхскыл йæ къух æрæвæрдта æмæ йын афтæ: - Чындз, уайсадыны рæстæг аивгъуыдта, нæдæр пайда уыд. Æз дын фыды бынаты дæн æмæ куыд мæхи чызг, ахæм зæрдæ мæм дар. Тæрсгæ ма кæн, дæ рынтæ бахæрон, Парсайæн дæр йæ зæрдæ фæтæнæг уыдзæн æмæ хорз лымæнты цард кæндзыстæм. Фæсахсæвæртæй ахызт, афтæ уазджытæ ацыдысты. Къотъе æмæ ма Ева кæрты бирæ фæлæууыдысты. Кæрæдзийæн ницы дзырдтой, фæлæ сæ хъуыды иу уыд: «Иунæг не стæм. Царды ис- ты амæлттæ кæндзыстæм. Адæм хорз сты». Сæ зæрдæтæ æхцон æнкъарæнтæй се ’мыдзаг уыдысты. Цин- æвдылд цæстытæй кастысты каурæбын æмбонды михыл баст дыгæрдыг æмæ сæгъмæ. - Елбачион мын афтæ, цъиуджын карк, дам, дын сом чызгæн сæрвитдзынæн, - зæрдæрайгæ скаст Къотъейы цæсгоммæ Ева, - æмæ нын кæрчытæ дæр уыдзæн... - Уыдзæн, мæхи дедопали, алцы дæр нын уыдзæн, - йæ сæ- рыл ын йæ къух рæвдаугæ æрхаста... Бредзайы хъæуы цæрджыты фылдæр хай гуырдзы уыдысты æмæ амы цæрæг ирæттæ хорз зыдтой гуырдзиагау «дедопали» иронау «æхсин» кæй нысан кæны, уый зыдта Ева дæр æмæ-иу æм Къотъе уыцы номæй куы бадзырдта, уæд-иу цыфæнды æвзæр зæрдыл куы уыд, уæд дæр-иу йæ цæсгом уайтагъд барухс. Райсомæй раджы райхъал Ева, фæлæ Къотъе уаты нал уыд. Ба- зыл йæ сау сæры хъуынтæй иу хил баззад. Ус æм йæ мидбылты бахудт... Цырд фестад уатæй: - Ныр хæдзары æфсин дæн. Цыдæр хъарм уылæн ын йæ зæрдæ цинæй айдзаг кодта. Дуармæ ауад. Дыгæрдыг æмæ сæгъ сæ бынаты нал уыдысты.
«Хъæуы фосимæ сæ аздæхта, æвæццæгæн», - ахъуыды кодта æмæ мидæмæ баздæхт. Хæдзар куы бафснайдта, уæд кæрты дуа- ры хъæр фæцыд. Цинæйдзаг цæсгомимæ ракаст дуарæй. - Мæнæ дын цъылынæгтæ ’рхастон, дедопали, - æрбадзырд- та йæм Къотъе æмæ йе ’ккойæ лыстæг пыхсы баст æрæппæрста, стæй къуыдырыл æрбадт æмæ цъылын бæттын райдыдта. - Хъуамæ дын æз дæр Елбачионы арахъхъæй ацы райсом дæ зæрдæ бахъæлдзæг кæнон, - худгæйæ йæм радзырдта Ева дæр. 4 Дыууæ уарзæгой уды цыбыркъух уыдысты, фæлæ сæхицæй амондджындæр никæй æнхъæлдтой. Сæ æнахуыйæн къæбæр дæр сын хæбизджыны ад кодта, сæ къадайы дон та - дзæмдзæ- мы доны ад. Сæ афтидкъуым хæдзар хур æмæ уарзтæй æрттывта. - Хъус-ма, цыдæр дын зæгъон, - загъта Ева иу райсом Къо- тъейæн, куыстмæ куы фæцæйцыд, уæд. - Циу, мæхи дедопали, цы та ’рымысыдтæ? - фездæхт дуарæй Къотъе. - Ницы, ницы... - Ева иуварс фæзылд. Къотъе йын йæ цæстытæм ныккаст, цинæй, æфсæрмæй, уар- зондзинадæй йедзаг цæстытæм æмæ алцыдæр бамбæрста. Йæ дыууæ пумпуси армытъæпæны йын йе ’нæдаст рустæм нылхъыв- та æмæ ницы зæгъын сфæрæзта... Нæдæр хъуыд исты зæгъын... Уыцы бонæй фæстæмæ йын æхсæвы цъæхтæй хаста къодийæ дон. Суг дæр ын лыг кодта æмæ-иу ус исты уæззау исынмæ куы хъавыд, уæд-иу ын æй, æнæисты зæгъгæ, йæ къухæй райста... Сæ бацардæй афæдз дæр нæма рацыд, афтæ сæ хæдзарæй ноггуырды кæуын райхъуыст. Цыдысты сыхы сылгоймæгтæ æмæ арфæ кодтой Евайæн: - Дæ лæппу авды хистæр уæд, мæ хур... Къотъейæн йе ’мгæрттæ чысыл ма бахъæуа йæ хъустæ сы- скъуыной. «Цымæ еныр дæр нæ бафидаудзæни баба немæ? Уæдта мæ чындз куы фенид сусæгæй. Зæрдийæ куы уыдыстæм кæрæдзи- йыл, Къотъейы разæй дæр мæ уый куы скодта, уæд мыл цавæр
йæ зæрдæ сивта?..». - хъуыды кодта Ева, фæлæ æргом никуы ни- цы загъта йæ удыхайæн, йæ зæрдæ ма фæрисса, зæгъгæ. Иу мæй сæххæст ноггуырдыл. Къотъейы фыды ном Никъала йыл сæвæрдтой, фæлæ Евамæ йæ цæгатæй лæппуйы хуын ничи схаста. Уæддæр æнхъæлмæ каст: «Афтæ ма уа, сылгоймæгтæ мын уæддæр ма фæтæригъæд кæной, уæлдай ныхас мæ куыничи зоны, уæд цавæр у, кæдмæ æнæдзургæ мæм сты. Æй, Таму, мæ лæггæдтæ дын уый бæсты фæцыдысты, ме ’фсымæр, дæуæн дæр». Нæ йæ фæндыд йæ цæгатыл хъуыды кæнын, фæлæ та-иу уæддæр йæ зæрдæ уыцырдæм ахсайдта. Йæ мады ’фсымæртæ дæр æм фæхъыг сты, фæлæ Къотъейы бирæ уарзтой æмæ йын æй Парсайы сусæгæй тагъд ныббарстой. Æниу се ’хсæн иу хылы ныхас дæр никуы уыд, цæй бафидауыны сæр сæ хъуыд. Евайы мады ’фсымæры ус Багиан ноггуырдæн авдæн, авдæнбæттæнтæ æмæ лæппуйы хуын ’рбахаста. - Мацæуыл маст кæн, мæ чызг. Дæ фыдæй тæрсынц, æндæра дæм Елисаитæ куыннæ ссыдаиккой, - загъта Евайæн Багиан. - Æмæ куыницы маст кæнын, - йæ цæссыгтæ ферттывтой Евайæн æмæ йæ зæрдæ бауынгæг: «Уæдæ ма мæ мад удæгас уаид, кæддæра йæ бæтгæйæ дæр исчи баурæдтаид...» ...Дыккаг лæппу дæр сын райгуырд, фæлæ Евайы йæ цæгатæй фæрсæг уæддæр ничи уыд. Сæхи ныддур кодтой Гæззатæ, сæ чызджы кой нал кодтой. Адæймаг, дам, дидинæджы сыфæй уæздандæр æмæ дурæй фидардæр у, фæзæгъынц. Алцы дæр фæ- рæзта, быхста Ева. Æнæлаз, сыгъдæг уарзондзинад ын лæвæрд- та тых. Сæ дыууæ дæр сидзæрæй хъомыл уыдысты æмæ сæ уарзт канд дыууæ уды хайы уарзт нæ уыд, фæлæ ноджы фылдæр. Къотъемæ-иу хатт афтæ каст, Ева мады рæвдыдцух кæй у уый дæр ын йæхæдæг хъуамæ баххæст кæна æмæ-иу ын алыхатт дæр сабийау тæригъæд кодта. Йæхирдыгонау Ева дæр афтæ хъуыды кодта, нæлгоймаг у фæлæ сидзæрæй схъомыл, æнæрæвдыд, æмæ-иу æм хохыйас лæгмæ хатт мады æнкъарæн сæвзæрд. Се ’хсæн сыгъдæг, æнæ- зæрдæхудт аудындзинад уыд. Знаг дæр сæм батæхуды кодтаид. Сæ сыхаг идæдз ус Бетион иухатт афтæ Евайæн:
- Мæ иунæг дæр искуы сымахау йæ амонд куы ссарид, æмæ йын мæ зæронд сæр уый куы фестид. Дыууæ уды кæрæдзи куы æмбарой, уымæй стырдæр амонд зæххыл ницы ис. Æртæ азы фæцард-тæн уыцы æнамондимæ, æмæ, хуыцау, хъыг дæм ма фæкæсæд, фæлæ... - Æмæ цы, Бети? - афарста Ева. - Цы, мæ хур, æмæ... Зæронд ус дæн ныр, уыдæттæ дзурын мæныл нал æмбæлы, фæлæ сымахмæ куы бакæсын, уæд ме ’взон- джы бонтæ ’рымысын æмæ дзы иунæг рæсугъд бон дæр не сса- рын. Мæрдты рухсаг уæд Ирбеджы фыд, фæлæ йæ нæ уарзтон. Цыма мыл йæхæдæг дæр стыр зæрдийæ нæ уыд. Маст дзы ницы зонын, фæлæ кæрæдзи фендмæ никуы бæллыдыстæм. Мæ зæр- дæ йæм никуы райхæлд. Куы амард, уый фæстæ ’рыхъуыстон ло- пайнаг Гачечиладзеты чызджы, дам, уарзта, фæлæ, дам, чызджы йæ фыд иу быдираг цæрæг лæгæн радта. Мах та фæрсгæ ничи ба- кодта, афтæ уыд раздæр цард, афтæмæй ныл бафтыдтой дзуар. Цардыстæм, хæдзар кодтам, фæлæ мæнæ сымах уæ кæрæдзийыл куыд тайут æмæ руайут, ахæмæй не ’хсæн никуы ницы уыд. Ир- бег райгуырд æмæ дыууæ азы фæстæ уыцы мæгуыр дæр амард. Нæ рынчын, нæ иу, нæ иннæ, цы йæм рауад, - хуыцау йæ зонæг. Мадзура лæг уыд, чизоны маст дæр бахаста йæ зæрдæмæ. Мæ хи- цау æмæ ма ме ’фсин дæр дыууæ æви æртæ азы ахастой æмæ стæй сæ фырты баййæфтой. Баззадтæн, мæ хур, мæ иунæгимæ, схъо- мыл æй кодтон. Ныр ын ус курыны рæстæгæй дæр ахызт, фæлæ ницы кой кæны. Тыхæй та йын æз никæй ракурын кæндзынæн, йæхи куыд фæнда, афтæ... Кæртæй куыдзы æхсызгон хъыс-хъыс æрбайхъуыст. Евайæн йæ цæсгом, хурау, ферттывта. Зæронд усмæ нал фæкаст. Æд сы- вæллон дуармæ рауад. Къотъе фæрæт къуыдыры æрсагъта æмæ, цыма йæ фæллад кæрты кауæн æддейæ баззад, уыйау йæ мидбылхудгæ, бакаст Евамæ. Саби фыдмæ йæхи байвæзта. - Куыд сыгъдæг цæстытæ дын ис, мæхи дедопали... Арвæй цъæхдæр æмæ хæххон суадонæй сыгъдæгдæр... Афтæ худæд дæ цæсгом, мæн хуыцауæй æндæр амонд нæ хъæуы, - ныллæг хъæлæсæй загъта йæ усæн Къотъе, цыма тарст, мачи йæм хъуса. - Кæугæ знаг фæкæнæд, цæмæннæ хъуамæ худон, - бакодта Ева æмæ уæд фæхъуыды кодта, Бетионы авдæны цур кæй фæуагъта.
«Æ, хуыцау мæ куыд федта, гъе, цы зæгъдзæн зæронд ус», - Фефсæрмы Ева æмæ хæдзармæ атындзыдта. Къотъе йæ фæстæ каст æмæ йæ цæсгомыл йæ зæрдæйы цин хъазыд... 5 Цыппар азы, цыппар цæсты фæныкъуылдау, атахтысты. Ныр арсы хъыбылы хуызæн æртæ хæрзхуыз лæппуйы куы сæ ху- дынæй, куы та сæ бæгъ-бæгъæй чысыл хъæдын хæдзары цар сæ сæрыл истой. Лæппутæ хистæр - Никъала æмæ кæстæр Бежан, сæ фыдау, онгджын уыдысты, фæлæ астæуккаг Сосо тæнтъихæг рацыд. Уыйхыгъд тынг рæсугъд уыд, урсцъар, цъæхдзаст. Чи йæ нæ зыдта, уыдон æй чызг æнхъæлдтой. - Сосо дæ цæрмыстыгъд бакодта, дедопали. Чызг куы уыда- ид, уæд дæ халдих. - Бæргæ, чызг куы фæуыдаид. Чызг мады къух роггæнæг у... «Фыды та фæрсгæ дæр нæ бакæндзæн, афтæмæй искæй лæппу- йы фæстæ адымдзæн», - ахъуыды кодта Ева æмæ йæ цæсгом сырх адардта... Къотъе йæ фæхатыд, йæ сæры хъуынтæ йын йе стыр армы- тъæпæнæй алæгъз кодта æмæ, цыма нæ фембæрста усы хъуы- ды, ахæм хуызы хъазгæйæ загъта: - Чызг дæр уыдзæн, мæхи дедопали, æмæ ма ноджы цыппар лæппуйы дæр. Авд лæппуйы æмæ иунæг чызджы мад уыдзынæ. Авд лæппуйы æд цот æнæхъæн хъæу уыдзысты æмæ йæ Къо- тъеты хъæу хондзысты. Иунæг æмæ мæгуырæн æз дæр фаг дæн. Ацы хъазæн^ныхасы цас æцæгдзинад уыд, уый дзæбæх æмбæрста Ева. Йæ мæгуырдзинады тыххæй йæ нæ хастой йæ каистæ сæ сæрмæ, æвæццæгæн, æндæра цыппар азы дæ туг, де стæджы иу фарст ма ’ркæнай, зæрдæриссыны хосæн уый фагæй уæлдайдæр у. Ацы хъуыддагыл никуы дзырдтой, фæлæ кæрæ- дзийы сусæгæй сæ дыууæ дæр бирæ маст хастой сæ зæрдæтæ^: «Цы ракодтам ахæмæй, никуы ницы æрцыд, туджджынтæ дæр ма куы бафидауынц...» - Макæ, Никъала, ды стыр лæппу дæ, исчи ма йæ гыц- цыл æфсымæры нæмы? - мад йæ къухмæ систа кæстæры, сы- вæллæттæн сæ кæуын куы ссыди, уæд.
- Раттæд мын мæ уæрдон, уæдæ, кæд стыр дæн, уæд, - тызмæгæй загъта лæппу. Кæстæр хæкъуырццæй куыдта: - Мæхи у, баба йæ мæнæн сарæзта-а... - Уæдæ! Куыднæ стæй! - нæ барста хистæр. - Æй-æй-æй! Мæнæ куыд хыл кæнынц, мæнæ? - цыма æцæ- гæй фæдис и, ахæм хуызы загъта фыд. Сабитæ фæхъус сты æмæ кæрæдзимæ бакастысты. - Ацы къуындæг хатæн авдæн нæ, мæнæ æртæйæн дæр куынæуал у фаг, - худæнбылæй бакаст Къотъе Евамæ. - Кæсыс, нæ дзы рæхсынц. Ног хæдзар аразын нæ бахъæудзæн. - Æмæ сараздзыстæм. Калак иу бон нæ сырæзти. Хæдæгай, знон мын Бетион хъаст кодта: Ирбег, дам, æнæхъæн æхсæв цæйдæр чингуытæ фæкæсы, цæйдæр сусæг æмбырдтæ, дам, ара- зынц фæсивæд æмæ, дам, æрæгмæ ссæуы, Къотъе, дам, ницы дзу- ры? Æз ын, ницы мын загъта ахæмæй. Исты ис æцæгæй?.. - Ис, мæхи дедопали. Калакæй æвзæрст лæгтæ ссæуынц, æмбырдтæ уадзынц, мæгуыртæн, дам, зæххытæ хъуамæ бай- уарæм, алчи дæр, дам, сæрибар цард хъуамæ кæна, æмæ ноджы бирæ цыдæртæ... Уыцы тохы та революци хонынц. Фенæм, бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. - Ды дæр... - кæронмæ нæ загъта йæ хъуыды Ева æмæ, мид- былты худгæ, бакаст Къотъемæ. - Æз дæр, - худгæ загъта Къотъе, - æмæ куы бахъæуа, уæд ды дæр махимæ уыдзынæ, дедопали. - Уат бакæн, райсом мæ раджы стын хъæуы. - Цавæр раджы стын у, аулæфын дæр ма дзы хъæуы, - бабустæгонд кодта Ева. - Тедойæн фестæм йæ кусинаг. Сом та мæнæн æххуыс кæндзысты. Хъуарифадæн коммæ цæуæм. - Хæдзар исчи уæлейæ райдайы аразын, нырма дын иннæтæ цæттæ куынæ сты. - Кæс амæ, куыд мæ хынджылæг кæны?! Уæдæ Ладиты зы- гуымдоны цы фæйнæджытæ ис, уыдон кæй сты, и? - Æмæ дзы уыцы дыууæ фæйнæджы йеддæмæ ницы хъæуы, - йæхи нæ саста Ева. - Алцыдæр æртымбыл кæндзынæн. Кæс-ма, кæддæра фи- дæнмæ а лæппу иу хатæн нæ бафтауа ацы хæдзармæ! - хъæл- дзæгæй дзырдта Къотъе.
Ева райсоммæ хызыны цыхт, кæрдзынтæ æмæ арахъхъы ду- рын бафснайдта. Зæрдæ æхцон улæфт кодта. Дзæбæх нæма æрбабон, афтæ фестад Къотъе. Ева дæр йæ дзаумæттæ акодта - алыхатт дæр-иу афæндараст кодта йæ хæ- дзардарæджы. Къотъемæ усы ацы фæтк иуæй худæг каст, чысыл чызгау мæ фæстæ рацæуы, зæгъгæ, иннæмæй та йын æхсызгон уыд. Ис мыл мæтгæнæг, ме ’рцыдыл мын чи бацин кæна, чи мæм æнхъæлмæ кæса. Ацы хъуыдытимæ-иу алыхатт зæрдæрайгæ фæцæйцыд йæ куыстмæ. Изæры дæр-иу æй цыфæнды фæлладæй дæр йæ къæхтæ рогæй скъæфтой йæ бинонтæм. - Аздæх, дедопали, дæ хъуг радуц, цалынмæ сывæллæттæ нæ райхъал сты, стæй-иу æй фосимæ баиу кæн, - рæвдаугæ хъæ- лæсæй загъта йæ удыхайæн. Лæг ацыд, ус уæддæр лæууыд æмæ йæ фæстæ каст, цалынмæ фæзилæны нæ фæаууон, уæдмæ. Ацы хатт йæ зæрдæ куыддæр уæззауæй æрбахаста хæдзармæ. Йæ райсомы зылдтытæ бакодта, фос аздæхта. Фæлæ йыл цавæрдæр æнкъарддзинад стыхст æмæ йæм дзурын дæр нал цыд. Сывæллæттæ дæр æрæгмæ райхъал сты. Æндæр хæттытау хъыллист-хъæлæба нæ систой, кæрдзын бахордтой æмæ кæрты куы къæбылаимæ хъазыдысты, куы - рæуæдимæ. Æнæхъæн бон ыл уыцы æнæадæн баизæр. Усæн йæ цæстытæ ныуурс сты фæндагмæ кæсынæй. Лæг нæ æмæ нæ зынд... Стæй схæццæ алцы... Кæцæй æрымбырд утæппæт адæм?.. Чи куыдта афтæ хъæрæй? Цы грбахæссынц цыппарæй афтæ кæугæ?.. Йæхи куы ’рæмбæрста, уæд хъæдын сынтæгыл йæ цæсты рухс, йæ царды цин уæлгоммæ хуыссыд, йæ къухтæ йæ риуыл, йæ цæсгом ныуурс, йæ сынты базыры хуызæн æрфгуытæ æмæ рихитæ, цыма ногуард митыл æвзалыйæ хæххытæ акондæуыд, уый хуызæнæй зындысты. Сыхы устытæ сæ хъæр, сæ цъæхахстæй бæстæ сæ сæрыл истой. Ева бадт дурæй, нæдæр дзы ныхас хауд, нæдæр - цæссыг. Æр- тæ бон æмæ æртæ ’хсæвы фæбадт йæ сæфт амонды уæлхъус æмæ иу цæссыджы фаг дон нæ ралæдæрст йæ цæстытæй. - Уæ дæ ингæны къæйтæ ныккæлой, сидзæрæй хъомыл лæп- пу, кæд дæ гыццыл мур хъæбулты дæр сидзæрæй цæмæн ныу-
уагътай! Дæ амондæй сын цæмæн бахай кодтай, судзгæ фæбадай, нæ хъæуы фидыц?! Кæнæ ацы кæйдæр сылыстæгæн куыднæ фæтæригъæд кодтай, йæхæдæг дæр сидзæрæй куы схъомыли, ныр та йын йæхи дæр сидзæргæсæй куы ныууагътай!.. Æй, уд- хæссæгæн йæ уд схауа де ’нахъом сывæллæтты тæригъæдæй... - куыдта Елбачион. «Удхæссæг!.. Уæдæ дæу дæр удхæссæг акодта, мæхи Къо- тъе?» - цыдæр ферттывта Евайы сæры магъзы, цыдæр йæ зæр- дыл æрлæууыд. Джихæй каст марды цæсгоммæ æмæ йын йе ’рхæндæг хъæлæс хъуыста, афтæ хорз æй хъуыста, цыма æртæ азы размæ нæ, фæлæ йын ныр дзырдта: - Удхæссæг, дам, куырм у, дедопали, æндæра мын афтæ ра- джы цæмæн акодта мæ ныййарджыты, сæ цæсгомы хуыз дæр сын куынæ хъуыды кæнын? Кæнæ дын афтæ æвзонгæй дæ ма- ды цæмæн байста? Фæнды дæ, радзурон дын, цæмæн у удхæссæг куырм? - Ды йын скъахтай йæ дыууæ цæсты... - Æз нæ... Мæлæт бакуырм кодта удхæссæджы. Чысылæй нын æй Бибо радзырдта æмæ мæ нæ рох кæны. Бадти, дам, мæлæт йæ сыгъзæрин къæлæтджыны æмæ йæ цæхæр цæстытæй каст. Йæ разы фынгыл стджыты рæдзагъд, йæ фæсдзæуинтæ йын хастой æмæ хастой алыгъуызон хæринаг. Уысммæ-иу сæ адæлæмæ код- та æнæфсис мæлæт. Изæрырдæм хæринагаразæг чъызгæйæ загъта: Фесты хæринæгтæ... Æмæ мæлæт йæхимæ басидти уд- хæссæгмæ: - Уыныс, хæринаг дзы нал ис! Тагъддæр аскъуын рæсугъддæр чызг кæнæ хæрзконддæр лæппуйы уд, сфæлмæцыдтæн зæрæд- ты æнæзæрдæмæдзæугæ дзидзайæ! Æнæсыбырттæй рахызт удхæссæг йæ хæс сæххæст кæнын- мæ. Бирæ фæрацу-бацу кодта. Алы хæдзары къæсæрæй дæр ба- дардта йæ сæр, фæлæ никæйы бауарзта йæ цæст мæлынæн æмæ афтидæй раздæхт. - Цы хабар у? - бафарста йæ мæлæт. - Ех, цытджын хицау афтæ рæсугъд, афтæ цардмондæгтæ уы- дысты... Иуы дæр дзы мæ цæст нæ бауарзта... - Ахъуыдты у æмæ дын цы загътон, уый сæххæст кæн! Æды- лы митæ ныууадз! Мæ уд схауы фырæххормагæй!
Ацыди та удхæссæг æмæ кæдæмдæриддæр бацыд, йæ зæрдæ та йæ нæ батардта искæйы уд аскъуынын. Иу ран дыууæ уарзо- ны кæрæдзимæ кæсынтæй не ’фсæстысты, иннæ ран авдæны саби худти йе ’нæдæндаг дзыхæй йæ ныййарæгмæ, зæронд лæг йæ уаргъы бын ныггуыбыр, афтæмæй фæцæйцыд, уæддæр цар- дыл цины зарæг кодта... Æмæ та афтидæй раздæхт удхæссæг. Ныр æм бынтон рамæсты мæлæт. Йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. - Ныртæккæ фæстæмæ аздæх æмæ ацы минут куы никæй уд æрбаскъуынай, уæд дын дæ зæронд царм раласдзынæн! Æртыккаг хатт дæр та афтидæй æрбаздæхт... Мæлæт ферра, йæ дæндæгты хъыррыст фæцыд: - Йæ цæстытæ йын скъахут ацы æгоммæгæс, æнамонд ца- гъарæн! Фæсдзæуинтæ йæм фæлæбурдтой æмæ йын уысммæ йæ дыу- уæ цæсты йæ къухы фæсагътой. Хилы уæдæй фæстæмæ мæлæты цагъар удхæссæг куырмæй зæххыл, хилы æмæ йæ хицауы бардзырд æххæст кæны. Иæ разы чи фæвæййы, уым ныссадзы йæ дзæмбытæ. Нал уыны, нал æвза- ры зæронд у æви æвзонг... Алкæй дæр сæ иу фæндагыл фæкæ- ны... Канд цæсты рухс нæ... Йæ зæрдæйы хъустæ дæр ныкъкъуыр- ма кодта, цæмæй адæмы зæрдæскъуынæн хъарæг ма хъуса... Къотъейы хъæлæс фескъуыд... Ева та айхъуыста йæ алыварс. Елбачион та хъарæг кодта: - Кæйдæр къонайыл хъомыл, дæхицæн хæдзар куы ссардтай, мæлæт дæ уæд куы бацагуырдта, мæгуыр дæ бон!.. Куыдта Елбачион æмæ-иу сылгоймæгтæ куы ныгъе-гъе код- той, уæд-иу дуармæ цы нæлгоймæгтæ лæууыд, уыдонæн сæ сæры хъуын арц сбадти... - Дыууæ лæджы не ’рбаххæссыдаиккой, ахæм тæрс бæлас ссардтам. Нырма йæ хырхæй лыг кодтам, стæй кæронмæ куы фæци лыг, уæд, фæрæтæй, дам, æй æрцæф кæнон, куыд загъта, афтæ æвиппайды бæлас фæуæз кодта æмæ рафæлдæхт. Хабар афтæ æнæнхъæлæджы æрцыд, иуварс алæууыны бон æй нал фæци, йæ уæлæ ракалд æмæ ма йæ тыхæй раластам йæ бынæй. Дзыхæй туг фемæхст æмæ йын ницы нæ бон баци йæ бауро- мынæн. Æвæццæгæн, мидæгæй, хуылфы исты... Цалынмæ уæр- дон ифтыгътам, уæдмæ уды мидæг уыд, стæй фæци лæг...
- Нæ хъæуы, нæ хъæуы, мауал сæ дзур, Къола, - йæ цæссыг æнæуромгæ, уынгæг хъæлæсæй лæгъстæ кодта Ирбег хабар дзурæгæн. Лæгтæ сæ къæхты бынæй ныууынæргъыдтой... Æнæхъæн ком æрæмбырд сты, мардæн æгъдау радтой... Ева- йы уæлмæрды онг хæссæгау фæкодтой сылгоймæгтæ, йæ къæх- тыл тыхæй лæууыд. Уæлмæрдæй куы ’рыздæхтысты, уæд мар- дæн рухс загътой адæм, банызтой, бахордтой, æмæ алчи йæ хæдзармæ фæцыд. Æввахс хæстæджытæй ма чидæртæ баззад. Изæры цыма их тайын райдыдта, Евайæн дæр йæ буар стæфс- тигонд, æрлæмæгъ, æрдыдæгътæ. Фæсахсæвæртæй ахызт, афтæ радта усмæ тæвд. Къултæ ниудтой йæ тæригъæдæй. Ус сæнттæ цагъта: «Кæдæм цæуыс, Къотъе-е-е! Нæ мæ хъæуы ног хæдзар, нæ мæ хъæ-уы-ы-ы! Ма ацу, ма ацу, мæхи Къотъе, ма ацу, дæ уды низтæ-æ!» Æхсæв-бонмæ йæм бадтысты устытæ æмæ йын дзымарийæ- дзаг хæцъилæй йæ цæсгом, йæ буар сæрфтой. Рынчын йæ уæлæ æмбæрзт нæ уагъта, йæ гæндзæхтæ цагъта æмæ хъæр кодта, цалынмæ дзы тых уыд æмæ цалынмæ йæ хъæлæс бынтон нæ фесæфт. Сбон æмæ йæ цæстытæй ракаст, фæлæ ныр та йæ дзыхæй хъыпп-сыпп нал хаудта, афтæмæй цæссыг йæ тæвдæйдзаг ру- стыл лæсæнтæ кодта... Æнæнхъæлæджы стыр мастæй фæдургонд зæрдæ дон фестад æмæ цæстытæй тагъди... Парса уæддæр йæ ныхас нæ басаста - æнæхъæн Бредза мæрд- дзыгой растадысты, уый йе сиахсы мардмæ нæ ацыд, фæлæ сылгоймæгты нæ бахъыгдардта - Елиса æмæ Гыгы ацыдысты Гуиргуинамæ. Евайы ахæм тæригъæддаг хуызы куы федтой, уæд сæ зæрдæ сæхиуыл фæхудт, фæлæ ма ныр цы гæнæн уыд. Фæ- маст кодтой, уыцы ’хсæв дæр уым баззадысты, рынчын усæн афтæ уадзæн дæр кæм уыд. Райсом Елиса хæдзармæ рарвыста чындзы, лæгтæн бамбарын кæн, зæгъгæ, æнæссæугæ дзы нæй, рынчын исты кæндзæн æмæ фидиссагæн баззайдзыстæм. Гыгы кæугæ радзырдта бинонтæн, куыд уæззау бон ныккод- та сæ чызгыл. Лæгтæ зæхмæ кастысты, дзургæ сæ ничи ницы скодта. «Цæмæн хъуыстон ацы зæронд лæгмæ, цæмæн? Арв æмæ мын зæххы ’хсæн уыцы иунæг хо ис, кæд мæ мадæй нæу, уæддæр иу
туг, иу стæг куы стæм, йæ удыйас мæ куы уарзта, уæд æй цæмæн- нæ искуы абæрæг кодтон? Кæнæ уыцы мæгуыр лæппу цы азым- джын уыд, кæд æмæ кæрæдзи уарзтой... Налат фæу, мæнæуи, кæд ды худ нæ, фæлæ кæлмæрзæн хъуамæ дарис», - фæуайдзæфтæ кодта йæхицæн Таймураз. «Мæ зæронд сæр амæла, мæ саударæг, иу æхсæв дæр мыл афтæ куыникуы сбон, дæуыл хъуыдыгæнгæ мæ хуыссæг ма фæлидза, уæд цæмæн ныддур кодтон мæхи? Цы сарæзтай ахæмæй, зæххыл цы нæма ’рцыд? Цæмæн дыл систон мæ къух, мæ урс бæлон. Мæ царды цин Хуыбылоны амæлæтæй фæстæмæ ды куы уыдтæ, мæ сидзæр къæбæда!» - дзырдта йæм йæ зæрдæ, зонд та йæ ных- мæ ныццæхгæр: - «Мæ удæй дæ фылдæр уарзтон, дæ мады сурæт кæй уыдтæ, уый тыххæй иу бон дæр æнæдæу фенгæ мæ бон нæ уыд, ды та мын мæ зæронд сæр цъыфы стылдтай, сусæгæй кæйдæр æнæхицауы фæдыл ныййарц дæ!.. Чызг, дам, искæйы мыггаджы фæнык у, уæгъды нæ фæкæнынц. Фæхъомыл æй кæн, стæй æндæр мыггагмæ фæцæудзæн, уыдонæн лæггад кæн- дзæн, сæ мыггаджы сын адаргъ кæндзæн... Фæлæ ды, мæ зонд- джын чызг, цæмæн бакодтай, цæмæн ацыдтæ сусæгæй уыцы æнæфæнык лæппуйы фæдыл, цæмæн?..» Æмæ йын цыма йæ хъусы асусу-бусу кодта: «Уарзтон æй, баба, тынг æй уарзтон»... æмæ йæ зæрдæ фæсæххæтт ласта зæрондæн, йæ алыварс йæ цæст ахаста... Ничи уыд æввахс... «Уарзтай йæ æмæ... Ныр ды дæр мæнау баззадтæ дæ афтид уарзондзинадимæ, мæ чызг, ды дæр мæ тугæй дæ, никæйуал бауарздзынæ... Никæйуал... Мæнау ды дæр æнæадæн батондзынæ дæ цард, мæ саударæг...» Хæлбурцъ кодтой йæ сæры, йæхицæн кæуыл нæ саст, уыцы хъуыдытæ. Сæ уæлныхты йæ систой. «Дурзæрдæ лæг, дам, у Парса. Цард дæ алцыдæр скæндзæн. Ныр искæйтау мæ зæрдæ мæ армытъæпæныл нæ дарын æмæ ницы æнкъарын, и? Мæ зæрдæ цы мæстытæ бабыхста, уыдонæй æгæр хорз дæр дæн, фæлæ ацу æмæ алцы алкæмæн дзур... Дæуæн уæддæр куыд дæ бон баци, мæ чызг, дæ зæронд фыдæн афтæ фæриссын кодтаис йæ зæрдæ?.. Уæддæр та мæхи кой куы кæнын, ды та, чизоны, куыд тыхст дæ, мæ бæлон...» Сыстад, хатгæ дæр æй нæ фæкодта, куыд цырд фæгæпп код- та, æмæ хосдонмæ бауад. Хос рахаста, уæрдоныл æй æркалдта, стæй тыргъы хъæдын сынтæгыл цы хъисын уыд, уый ратымбыл
кодта æмæ йæ хосыл айтыдта. Галты сифтыгъта æмæ уæрдон ан- къуыст... Таму лæууыд фæрссаджы цур æмæ йæ фыдмæ каст. Зæронды митæм кæсгæйæ, бамбæрста, ныббарста йæ рæдыд чызгæн, фæ- лæ æгæр нæ байрæджы кодта, цымæ? Фæндыд æй, загътаид ын: æз ацæудзынæн, баба, фæлæ не суæндыд. «Куыд сæмбæлдзысты кæрæдзийыл гъеуал азы æнæдзурыны фæстæ? Цы йын хъуамæ зæгъа?..» - йæ зæрдæ æнахуыр æлхыскъ фæкодта æмæ Гыгымæ бадзырдта: - Уæдæ тынг рынчын у, нæ? Гыгы цыдæртæ архайдта. Тамуйы хъæлæс æм афтæ хауд æмæ мастæй йедзаг фæкаст æмæ йын, дисгæнгæ, бакаст йæ цæсгом- мæ; фæлурс æмæ даргъгонд цæсгомæй цæстытæ кæмдæр дардæй кастысты. - Тынг... Ныр къуыри дæргъы, мæ зæрдейæ, йæ хъуыры хор- дон нæ ауагъта. Тæвдæй дзæгъæлтæ кæны, мæгуыр... - Йæ чызгон хатæн ын рафснай... Кæрдзын дæр скæн, гогыз- тæй дæр иу аргæвддзынæн, ма тæрс, ницы зæгъдзæн де ’фсин... - Хорз, мæхи зæрды дæр бæргæ уыд, фæлæ... Сугтæ ма мын æрсæтт. 6 Парса галты разæй цыд. Бредзайæ Гуиргуинамæ цас цæуинаг у, фæлæ зæронд лæгыл фæндаг уæддæр ныддаргъ. Суг ласынмæ- иу куы фæцæуы Гуиргуинайы хъæдмæ, уæд райсом бонæрдæм рахизы хъæуæй æмæ хур дзæбæх скæсы, афтæ схæццæ вæййы. Гъеныр, æцæгдæр, ныддаргъ фæндаг... Уæрдонмæ схызт æмæ уисæй батъæппытæ кодта галты, тагъддæр атылдысты уæрдо- ны цæлхытæ хуырджыныл... Сихорафонмæ æввахс бахæццæ хъæуы кæронмæ. Ацы чы- сыл хъæдын хæдзарыл дардмæ бирæ хæттыты ахаста йæ цæст Парса, куыд ничи йæ фæфиппайдтаид, афтæ. Фæлæ мидæмæ бацæуын никуы аскъуыддзаг кодта зæрдæ. Ныр æй йæ къæхтæ сæхигъæдæй хастой. Ницы, иу ныхас зæгъыны сæр дæр нæ бахъуыд фыд æмæ чыз- джы. Æрмæст артау судзгæ рынчыны уатæй куы рахизын кодтой,
уæд йæ сæр фыды риуыл банцой, æмæ зæронд лæджы цæсты- тæй цы дыууæ ставд цæссыджы рахъуызыд, уыдон чызджы сæ- ры хъуынты амбæхстысты... Хæдзар, фос Ладитæн æмæ Бетионæн бафæдзæхстой æмæ Евайы æд сывæллæттæ Бредзамæ раластой. Ницы хуыздæр код- та рынчын. Нæ хæргæ, нæ дзургæ, иудадзыг йæ цæстытæ хуы- лыдз æмæ йæ тæригъæдæй бинонтæн сæ хæрд ад нал кодта. Дохтыр дæр кæм уыд афтæ арæх уыцы рæстæджы. Гомты иу гуырдзиаг дохтыр уыд Абашидзе Никъо æмæ æнæхъæн уезды уый ракæн-бакæн кодтой. Раст зæгъгæйæ, æцæг хорз дохтыр уыд Никъо, удæй дæр æмæ зондæй дæр. Никуы ’взæрста мæгуыр у, хъæздыг у, фидынц ын исты æви нæ - алкæмæн зæрдиагæй хос код-’та. Хос та фылдæр æвзагæй кодта, дзыхы ныхасæй дзæбæх кодта рынчынты. Æниу æндæр цы сарæзтаид? Йæ къухы цы уыд, уый дæр уымæй архайдта. Таймураз æртæ хатты ныццыд Гомтæм æмæ æртыккаг цы- дæн тыхæй бафтыд дохтыр йæ къухы. Рацыд йемæ Никъо, бæх- тыл цыдысты æмæ хæйрæг дæсны хъæуккон сылгоймаджы куыд ракъаха, афтæ арæхстгай радзурын кодта Таймуразæн Евайы хабæрттæ. Рынчыны нæма федта, афтæмæй диагноз йæ сæры цæттæ уыд: æнæнхъæлæджы стыр масты фæстиуæг ыл æр- тæфст. Ахæм рынчынмæ арæхстгай бацæуын хъæуы, ам хос аф- тæ ахадæн нæу. Ахæм низæн рæстæгæй хуыздæр хос нæй... Фæссихæрттæй ахызт, афтæ æрбахæццæ сты дохтыр æмæ Таму сæхимæ. Хуыссыд Ева сынтæджы. Йæ къæбæлдзыг сау-са- уид дзыккутæ базæй зæхмæ зæу-зæу кодтой. Хъæццулæн æдде- йæ æвæрд цæнгтæ, йæ дæллагхъуыртæ хъæццулы урс цъарæй урсдæр дардтой. Уадултæ фыртæвдæй туджы зылдысты. Иуæй- иу рынчын фыдхуыз кæны, Ева та цыма ацы æгæрон мастæй ноджыдæр срæсугъд, цыдæр уæздан, æнæзæххон хуыз райста. Дохтыр Никъо къæсæрæй куы бахызт æмæ уаты хуысгæ сыл- гоймагмæ куы бакаст, уæд йæ цæстытæ атарытæ сты. Иу уысм æм афтæ фæкаст, цыма уæларвон зæд тæхгæ-тæхын æрхаудта сынтæгыл æмæ йæ къабæзтæ фæйнæрдæм айтыгъта. Тагъд, цалынмæ къæсæрæй сынтæгмæ хæццæ кодта, уæдмæ йæхи æр- цахста Никъо æмæ йæхимид йæхицæн бауайдзæф кодта: «Ацу, зæронд хъембыр, цыма сылгоймаг никуы федтай...»
Фæлæ, раст зæгъгæйæ, æцæгæйдæр, йæ зæрдæ ацы уысм цахæм æнкъарæн бавзæрста, ахæм никуыма... Рынчыны цур бандоныл æрбадт: хъуамæ йæ басгæрстаид, фæлæ йæ къухтæ нæ коммæ кастысты, йæ тæвд сбарын дæр йæ ныфс нæ бахаста. Тæвдбарæн Елисамæ радта, йæ дæларм ын æй бакæн æмæ дын куы зæгъон, уæд æй райс, зæгъгæ, загъта йын æмæ лæгты цурмæ рахызт. - Куыд у, дохтыр, цы бакæнæм, дæ рынтæ бахæрон, исты нын бацамон. - йæ цæсгоммæ кæсгæ йын загъта Парса. - Ма тæрс, ницы дзы ис ахæмæй. Стыр мæты фæстæ зоны аф- тæ, - дзурынмæ фæгæрз Никъо, - сабырдзинад æмæ рæстæг - йæ хос. Æцæг ын тæвды хос дæр ратдзыстæм æмæ йын тас нæу. Тæвдбарæн æгæр бæрзонд нымадта æмæ Никъо йемæ цы хо- сты чыргъæдгонд хаста, уырдыгæй цыдæртæ сласта. Иу дард ын йæхæдæг бакодта, æмæ сын бафæдзæхста, бон ын цал хатты ба- дардтаиккой хос... Уазæгæн фынг æрæвæрдтой, афтæ сыхаг хъæуæй хидкалгæ бæхыл иу ацæргæ лæг æрбалæууыд Парсаты кæрты: дохтыры, дам, сымахмæ хонынц, мæ лæппу, дам, тынг рынчын у Лæджы мидæмæ бахуыдтой, æнæуидæр нæ цыд хæрын дохтырмæ, ныр ын æфсон фæци æмæ фæцæуæг... Изæрæрдæм Ева, цыма, фенцойгонд: иу-дыууæ комдзаджы дæр аныхъуырдта, карчы басæй дæр ахуыпп кодта. Уыцы æх- сæв фынæй дæр хуыздæр баци. Дыккаг райсом йæ тæвд æрхауд, фæхуыздæр рынчын, фæлæ йын уатæй растын зын уыд, йæ сæр зылд... Дохтыр Никъо рынчынтæй фылдæр цы федта, фæлæ ацы рынчын йæ зæрдæйæ нал сæфтыд. Æдзухдæр йæ цæсты раз лæу- уыд: сынтæгыл, ногуард митау урс зæд йæ базыртæ фæйнæ- рдæм аппæрста æмæ фырæфсæрмæй йæ уадултыл арт ирвæзы. «Цы мыл æрцыд, ай цы ме ’намонд у нал мæ ныууадза ацы хъуы- ды?» - мæсты кодта йæхимæ Никъо. Куы цæуыл йæхи ирхæфста, куы цы ми агуырдта йæхицæн, фæлæ нæй, ацы рынчын сыл- гоймаджы ныв йæ цæстæй нæ хицæн кодта. «Кæд уыдтæн Бредзайы? Дыццæджы. Абон къуырисæр у. Раст иу къуыри рацыд. Цæмæннæ мæ уадзы уæгъд, цавæр у?»... Бæх сифтыгъта æмæ хæдзаргæс зæронд усæн бафæдзæхста, кæд мæ исчи фæрса, уæд хъæутæм цæуын, рынчын уынæг, зæгъгæ.
Бæхы йæхи бар ауагъта æмæ уый дæр сабыр сæппæй цыд. Никъо саргъыл уæгъдбадт кодта, цыма хъеллаугæнæныл бадт. Уызта йæ бæх, хъуыдыты къуыбылой размæ тылд æмæ чысы- лæй-чысылдæр кодта. ...Афтæ, раст афтæ хуыссыд мæхи Мзиа сынтæгыл - урс-урсид, сырхуадул. Йæ цæнгтæ æрзæбултæ сты уатæй, йæ мыдгъуыз дзыккутæ апырх сты базыл, лæгъстæ мын кодта йæ цæстытæй, йæ цæсгомы æнгасæй: «Ма мæ бауадз мæлын, ма мæ бауадз... Фер- вæзын мæ кæн, мæхи Никъо, фервæзын...» Æмæ йын ницы мæ бон баци... Ацыди мæ фыццаг уарзт, аныгуылди мæ царды хур... ...Цал азы рацыд уæдæй нырмæ? Ссæдз? Нæ, нæ, фынддæс - ныр мыл фондз æмæ дыууиссæдз азы æххæст кæны... Фондз æмæ дыууиссæдз! Мæ иувæрсты аивгъуыдта цард... Фæлæ ацы уæларвон зæд цæмæн ныххауд афтæ арф мæ зæрдæйы? Мзиайы мын мысын кæны, æви... Æви ма зæрæрдæм зæрдæ уарзтыл ар- хайы?.. Бæхы рохтыл йæхирдæм рахæцыд. Бæх æрлæууыд. «Аздæх фæстæмæ, Никъо, аздæх, дæ царды фылдæр хай иу- нæгæй арвыстай æмæ ма зæры бон цытæ ’рымысыдтæ?...». «Цы дам?.. Цы ракодтон?.. Куыницы... Рынчын уынæг цæуын, мæ хæс у», - æмæ та бæх размæ фенкъуыст. Гомтæй Бредзамæ дзæвгар фæндаг у, фæлæ дохтыр иууыл хъæуи-хъæу цыд æмæ цыбыр фæндаг дæр зыдта, æмæ хур нæма акъули, афтæ Парсаты цур бæхæй æрхызт. Парса кæрты сугтæ са- ста æмæ дохтыры куы ауыдта, уæд ыл хуртæ ракаст. - Уазæг - хуыцауы уазæг! Мидæмæ, дæ рынтæ бахæрон, - йæ размæ рацыд æмæ йæ къух райста дохтырæн. - Хæрзизæртæ уыл цæуæнт, Парса. Куыд у уæ рынчын? Мæ- нæ Абисы уыдтæн, дыууæ къахдзæфы та Бредзамæ æмæ, зæ- гъын, уыцы рынчыны дæр æххæст фенон... - йæхæдæг дæр фæ- дисау йæхиуыл, - кæцæй æрбабадтысты ацы гæдыныхæстæ йе ’взагыл? «Кæд ма кодтон гæдыныхæстæ? Цы хуыцау мæ сæрра код- та, ай цытæ кæнын...» - ахъуыды кодта, æмæ та ногæй йæхи растгæнæн хъуыды февзæрд йæ сæры. - «Дохтыр дæн, рынчын- мæ æрбацыдтæн, уый мæ хæс у!» - Мидæмæ, дæ хорзæхæй, нæ рынчын дæ фæрцы слæууыд йæ къахыл, фæлæ ма йæ куы ауынис, - бахатыд фысым уазæгмæ, йæ бæх ын кауыл куы æрбаста, уæд.
Никъо мидæмæ бахызт. Ева, йæ фæсонтæм дыууæ базы, аф- тæмæй уаты бадæгау хуыссыд. Йæ русты^ сырх фæцыд æмæ цæсгомы цъар пылыстæггъуыз райста. Йæ цæстыты афтæ арф, æгæрон сагъæс ныббадт, æмæ загътаис, куыддæр йæ уæл- тъыфылтæ базмæлын кæна, афтæ цæссыг фемæхсдзæн. - Мæнæ дæм дæ дохтыр куы ’рбацыд, дæ нывонд фон, - бацин кодта Елиса. - Рацу, дæ фæхъхъау мæ сæр, рацу, - бахатыд дох- тырмæ æмæ йын Евайы сынтæджы цур бандон авæрдта. - Алыхатт дæр æнæниз у, - загъта дохтыр, - куыд дæ? Дæхи хуыздæр нæ хатыс? - бафарста Евайы æмæ йæ ныхасы фæхатыд цавæрдæр уазал, æцæгæлон зæл. «Цæмæн тыхми кæнын мæхицæн, афтæмæй ноджы куы рар- гом кæндзынæн мæхи»... Рынчынмæ бандон баввахс кодта. Йæ къух ын систа æмæ йын йæ пульс нымайын райдыдта. Ацы урс-урсид, лæмæгъ-тæ къух ын йæ нуарджын хъæбæр къухы уырзтыл арт æфтыдта. Нал æмбæрста, йæхи æнгуылдзтæ тынгдæр рызтысты æви рынчы- ны тугдадзинтæ. «Исты хъæуы зæгъын... Цæмæй райдайон? Куыд?» - афтæ зын æм дзурын никуы фæкаст. Йæ мæлгъæвзагыл цыдæр æндзыг бафтыд. Евайы чысыл лæппутæ сæ къахы цъуппытыл æрбацыдыс- ты æмæ сæ мады дæлфæдтæм æрлæууыдысты. Дохтыр Евайы цæсгоммæ бакаст, цины уылæн ыл фæфиппайдта, рынчын кæ- цырдæм нымдзаст, уыцырдæм акаст æмæ лæппуты куы ауыдта, уæд æй бафарста: - Дæ лæппутæ сты? Ус йæ сæр разыйы тылд бакодта. - Уæдæ низимæ тох хъæуы, ацы сабитимæ та - цæрын. Адæймаг алцæуыл дæр хъуамæ фæтых уа: низыл дæр, мастыл дæр... «Дæхæдæг куы фæтых уыдаис, уæд афонмæ хъуамæ нæр- гæ хæдзары хицау уаис. Искæмæн ныфсытæ авæрын æнцон у...» Дохтыр ферхæцыд. Елиса æрбауад. - Рынчыны ма хъыгдарут, - загъта æмæ сывæллæтты иннæ уатмæ акодта. - Цард, мæ хур, зын у, йæ дзæбæхдзинад дæр уый мидæг ис, - райдыдта та Никъо, - маст ницы пайда у. Гæнæн цæмæн нал
вæййы, ууыл та æппындæр нал хъæуы хъуыды... «Ныр цы æды- лы ныхæстæ кæнын, хуыздæр ницы уыд зæгъæн?» - стыхсти та дохтыр. - Дæ пульс йæ гаччы сбадт. Дæхиуыл фæхæц, дæ низæн уы- мæй хуыздæр хос нæй. - Зонын æй, дохтыр, - фыццаг хатт фехъуыста Никъо усы хъæлæс æмæ... «0, хуыцау, куыд æмхуызон хъæлæс сын ис, куы, - йæ цæсты- тæ бацъынд кодта дохтыр. - Исты ма куы зæгъид, куы ма сныхас кæнид», - æмæ та, æцæгдæр, йæ хъустæ ацахстой: - Зонын æй, дохтыр, зонын, - зæрдæмæхъаргæ, ризгæ хъæ- лæсæй адарддæр кодта Ева йæ ныхас, - чысылæй фæстæмæ мæ къахы алгъæй дæр никуы схъæрзыдтон, цы мæ хъуамæ рисса, фæлæ мæм уыцы æнамонды хабар быхсыны фаг тых нæ разынд. Бæргæ худинаг у фæлæ... - йæ хъуыр ахгæдта, æмæ йæ дæндæг- тæй йæ былтæ ацахста, цæмæй йæ кæуын ма райхъуыстаид, фæлæ цæссыгтæн йæ бон ницы баци - сæхигъæдæй згъордтой рустыл. Ныхас нал хъуыст. «Цæмæн фескъуыд Мзиайы хъæлæс?» - Никъо йæ цæстытæ байгом кодта, æмæ Евайы кæугæ куы ауыдта, уæд уайтагъд æрæмбæрста йæхи: - Кæугæ нæ... Кæугæ нæ... Дæхиуыл хъуамæ фæтых уай, æмбарыс? Адæймаг тыхджын у фидар, дурæй фидардæр, æр- мæст йæ ныфс хъуамæ ма асæтта. Ныфс æппæтæй хуыздæр æм- гар у царды. Лæппуты хицау, мад дæ... Дæ цард нырма разæй ис, нырма дæм бирæ циндзинад æнхъæлмæ кæсы... - Циндзинад?! - йæ ныхас ын фескъуыдта кæуынхъæлæсæй Ева æмæ йæ цæсгом фыррыстæй иу уысм фæфыдхъуын. - Уыцы мæгуыры фæстæ ма цæй циндзинад хъæуы мæн, цы дзы кæнын... Иу уысм сæ дыууæ дæр ныхъхъус сты. «Сыгъдæг æмæ тыхджын у фыццаг уарзт», - ахъуыды код- та Никъо æмæ фæхатыд, афтæ æгæрон уарзт чи фæкæны йæ цардæмбалы, уый зæрдæйы æндæрæн нал вæййы бынат. Диссаг у уырныдта йæ, ацы сылгоймаджы зæрдæйы æндæр искæмæн бынат нал ис, фæлæ йæм ацы миниуæг кæй фæхатыд, уый йæ ноджы тынгдæр цыбæл кодта æмæ йæм тынгдæр тырныдта, зæрдæ æввахсдзинад домдта ацы мастæфхæрд идæдзмæ.
Цыдæр хъуамæ загътаид. Парса æрбахызт мидæмæ. - Нæ рынчыН; æнхъæлдæн, тагъд хъуамæ слæууа йæ къахыл? Ды куыд зæгъдзынæ, дохтыр, и? - Тагъд, Парса, тагъд. Йæ бон у, сом дæр ахиза сыгъдæг уæл- дæфмæ; хуыздæр хæра æмæ цъусдæр хъуыды кæна, уæд алцы дæр йæ гаччы сбаддзæн. - Уæдæ уал мах æхсæвæры кой бакæнæм, дæ хорзæхæй, - ба- хатыд Парса дохтырмæ æмæ йæ иннæ хатæнмæ акодта. Æхсæв ма дохтыры кæдæм ауагътаиккой æмæ уым баззад. Никъойæн йæ куыст афтæ домдта æмæ фылдæр æддæ уыд, кæй хæдзары не сбон кодтаид, фæлæ уыцы æхсæвæн цыма сбонгæ- нæн нал уыд, афтæ йыл ныддаргъ. Йæ хуыссæг фæлыгъд дох- тырæн, йæхимæ мæсты кодта, мæхиуыл куыднæ тых кæнын, зæгъгæ. Райсомы ’рдæм куыддæртæй афынæй. Хъæуты адæм раджыстаг сты æмæ сæ хъæлæбамæ тагъд райхъал. Аходæны фæстæ та рынчыны уатмæ бахызт, фæлæ Елисаитæ дæр йемæ ба- цыдысты, æмæ бадгæ нал æркодта, æниу æй фæндгæ тынг код- та. Рынчыны бафæдзæхста: - Фылдæр сыгъдæг уæлдæфмæ бад. Дæхи ма ауадз. Ныр зæ- гъæн ис, фæтых дæ дæ низыл. Ева бузныджы цæстæй скаст дохтыры цæсгоммæ. Йæ цæсты- ты йын цыдæр тынг хъарм, лæгъстæйы æнгас æрцахста æмæ йæ зæрдæ суынгæг. «Куыд тынг мыл мæт кæны дохтыр... Мæ маст мын куыд арф айста йæхимæ», - февзæрд йæ сæры. - Хуыцау дæ саразæд, мæ хур, нæ рынчыныл афтæ кæй тых- сыс, - загъта дохтырæн Елиса. - Хæрзбон раут. Кæд ма ам æввахс хъæутæм искæй тыххæй сæфтон, уæд та уæ абæрæг кæндзынæн, - сæ къухтæ райста фысымтæн Никъо æмæ йæ фæндаджы кой бакодта. Парса уазæджы суанг хъæуæй ахизын кодта, стæй Никъо бæ- хыл сбадт æмæ атындзыдта, йæ хъуыдытимæ йæ иунæгæй баз- зайын фæндыд. Йæхи афтæ хатыд, цыма цыдæр фыдракæнд сарæзта, йæ цæсгомыл зыны æмæ адæмæй йæхи иуварс хъуамæ дара. «Æмæ цæй мидæг и ацы фыдракæнд, Мзиа, зæгъ-ма мын æй. Кæйдæр идæдзмæ нæлгоймаджы цæстæй кæй бакастæн, уый
мидæг? Искуы мыл дæ зæрдæ ахæмтæй бахудт ацы 15 азы дæр- гъы? Нæ... Ацы идæдз мын дæу мысын кæны, æндæр ницы... Дæ мондæгтæ дзы исын, æндæра уал азы дæргъы сылгоймæгты йеддæмæ цы уыны адæймаг? Мæ зæрдæйы иу таг дæр мын ничи банкъуыста... Цы уыдзæн дарддæр, уымæн мæхæдæг дæр ницы- ма æмбарын, фæлæ... Ма ку ма ку мæ зæдыхай, æппындæр мыл ма дызæрдыг кæн... Куыд дзæбæх лæппутæ и уыцы идæдзæн... Уæдта мæнæн дæр дæуæй иу бындар куы баззадаид...» Бæхты къæхты хъæр ын йæ хъуыдытæ фескъуыдта. Фæстæ- мæ фæкаст, æртæ бæхджын чапары иу лæппуйы сæ разæй скъæрдтой. Лæппу къахæй цыд, йæ уæлæ - ирон дарæс, цухъхъа, нымæтхуд. Барджытæ дохтырæн йæ иувæрсты аскъæрдтой æмæ фæндаг срыг кодтой. «Кæйдæр артыл та дон ауагътой ацы гогызтæ... Ивы рæстæг, мæгуыртæ сæ бартыл дзурын байдыдтой. Студент ма куы уыд- тæн, уæд дæр афтæ систой адæм паддзахы сæ уæлныхты, фæлæ йын ницы сæ бон баци. Ныр та махмæ дæр сцырын паддзахы ныхмæ сусæг хæст. Цы сæ бон у... Æниу, чи зоны... Адæм тыхджын сты, фæлæ алы хъуыддагæн дæр сæрбос хъæуы, кæннод дзы ницы ратæдздзæн». Цæмæй зыдта дохтыр, чапартæ цы лæппуйы фæцæйкодтой, уый Бетионы иунæг, сидзæрæй хъомыл Ирбег кæй уыд, сусæг партион чыры къухдариуæггæнæг... Оконайы æмбырд ауагъта æввахс хъæуты фæсивæдæн æмæ сæ паддзахы ныхмæ кæй сра- зæнгард кодта, уый чидæр Гуры уезды хистæры хъусы бацагъта æмæ Ирбеджы бон сихорафон йæ хæдзарæй æртæ чапары ра- кодтой. Йæ хатæны йын политикон чингуытæ ссардтой æмæ ма лæджы ’рцахсынæн æндæр цы хъуыд?.. Дыууæ боны Бетионы хъуыры къæбæр нæ ныххызт. Æддæ- мæ ракæсын йæ цæсгом нал хъæцыд. Цæй тыххæй æрцахстой лæппуйы, уый рæстмæ не ’мбæрста, уæдта хъæу цы хъуыды кæнынц, зæгъгæ. Æртыккаг бон изæрæй лопъайнаг Апъалойы лæппу Лео Бетионтæм æрбацыд æмæ йын сусæгæй бамбарын кодта, Ирбег фæндагæй кæй алыгъд æмæ ныр æдас бынаты кæй ис. Тагъд рæстæджы, дам, хæдзармæ не сыфтдзынæн, фæлæ, дам, нана ма маст кæнæд.
- Æмæ ды уыцы лыстæггай кæцæй зоныс мæ лæппуйы ха- бæрттæ, дæ сæрылхаст фæуон? - дызæрдыггæнгæ бафарста Бе- тион лæппуйы. - Ирбеджы хабæрттæ дæм æз хæсдзынæн, фæлæ мæ чи ’рвиты, уый мæ фæдзæхсы, цæмæй, дам, Ирбегау, макæй æрцах- сой, уый тыххæй, дам, макæмæн мацы схъæр кæн, кæцæй æмæ цы зоныс... - Мæхæдæг æй куы фенин, уый гæнæн дæр нæй, дæ сæрыл мæ ’рхæсса хуыцау? - къахæджы фарст акодта мад лæппуйы. - Нæ зонын... Бафæрсдзынæн, чи мæ рарвыста, уыдон æмæ дæм уæд бæрæг æрхæсдзынæн. Бетион лæппуйыл фæцархайдта, къæбæр ахæр, зæгъгæ, фæ- лæ уый не сразы æмæ йын зæронд ус йæ дзыппытæ ’хсæртæй байдзаг кодта. Уыцы бонæй фæстæмæ мад, æнхъæлмæ кæсгæйæ, æрвыста йæ бонтæ. Нырма-иу йæхи фосы муртæм базылд, стæй та Ева- йы уæттæм. Кæм каркмæ хъæуы хъусдарын, кæм хуымæ, хæ- дзары алы лыстæг митæ сæ кæрæдзийыл ныккæлынц. Куы-иу бафæлмæцыд, уæд-иу, тыргъы цы даргъ бандон уыд, ууыл æр- бадт æмæ фæндагмæ каст, кæд мæ иунæг искуыцæй фæзынид, зæгъгæ. «Уæдта Бредзайæ куы фæзынид исчи æмæ Евайæ хабар куы фехъусин. Куыд у, мæгуыр йæ бон, кæнæ сывæллæттæ кæд мæллæг не сты, астæуккаджы иууыл рæвдауын хъæуы, гыццыл дзы уазал бацыд, уæд та стæвд вæййы», - хъуыдытæ-иу кодта ус. Куы та-иу дæллаг хъæумæ айста йæхи, Евайы мадыфсымæры ус Елбачионимæ-иу аныхæстæ кодта. Уыдонæй фехъуыста æндæрæбон, Ева, дам, фæхуыздæр æмæ фæстæмæ сæхимæ фæнд кæны. Æмæ Бетион ныр алы уысм йæ хъус фæндагмæ дардта, нæма ссæуынц, ^æгъгæ. Чысыл уынæрмæ дæр-иу æддæмæ рауад. Евайæн та йæ фыды хæдзары чысылæй, стырæй, иууыл йæ цæстытæм кастысты, цы æхсызгондæр ын уыдзæн, ууыл ар- хайдтой. Сидзæрты дæр тынг рæвдыдтой, фæлæ йæм афтæ зынд, мæгуыр, æнæхицауæй кæй баззад, уый тыххæй йын тæ- ригъæд кæнынц, æндæра хионы цæстæй нæ кæсынц Къотъе- йы сывæллæттæм. Ацы хабарыл-иу куы ахъуыды кодта, уæд- иу йæ зæрдæ тынгдæр рыст æмæ тынгдæр тæригъæд кодта
йæ сидзæртæн. Арæхдæр мысыд йе ’намонд удыхайы, æмæ-иу мæстæй артыл судзæгау ссыгъд. Æнæуидæр æмбаргæ сылгоймаг уыд Ева, зыдта - æд сидзæр- тæ цæгаты бирæ бадын аив нæу. Йæ зæрдæ нал лæууыд ам. Афтæ æнхъæлдта, ссæудзæн йæхи хæдзармæ æмæ Къотъеимæ амонд- джын бонтæ кæм арвыста, уым йæ мастыл æнцондæрæй фæтых уыдзæн. Куы фæсæрæндæр, уæд иуизæр йæ фыдмæ бауæндыд: - Хъуамæ ацæуон, баба... Парса ацы хабармæ йæхинымæры æнхъæлмæ каст. Зыдта йæ, нæ ныллæудзæн йæ чызг йæ цæгаты, фæлæ афтæ тагъд ныл- лæууа цæуыны къахыл, уый æнхъæл нæ уыди. Æмæ йын ныр ацы цыбыр ныхас «хъуамæ ацæуон, баба», карды цæфау, барæхуыста йæ зæрдæ. Иу уысм йæ цæнгтæ ауазал сты æмæ æнæрхъуыдыйæ срæтыгъта: - Кæмæ ма дзы тагъд кæныс? - æмæ йын йæ ныхас йæхи зæрдæ дæр фæриссын кодта: «Йæ хъæдгомыл ын цæхх зæрын! Цы мæ сæрра кодта, мæ сæр амæла!». - Мардæн дæр хицау хъæуы, - Ева ахæм хъæлæсыуагæй загъ- та æмæ фыд бамбæрста, уыцы мард йæ чызгæн бирæ удæгæстæй зынаргъдæр кæй у... - Дæ бар дæхи... - багуым-гуым кодта зæронд лæг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: - А дыууæ боны фенæм... - Райсом... Райсом мæ акæнæд Таму, кæд дæу не ’вдæлы, уæд, - фидарæй загъта Ева æмæ йæ сывæллæтты ’рдæм араст. «Цыппар азы мæ нæ федта æмæ цыппар къуырийы йæ бон нал у йæ фыдмæ ’кæсын. Æз та дæм кæсынæй не ’фсæдын, мæ чызг. Æнæмæнг дын æй дзыхæй хъуамæ зæгъон... Нæлгоймагыл не ’мбæлы йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ хурмæ хæссын. Ды æмбаргæ дæ, алцы куы зоныс, алцы куы ’нкъарыс, уæд дæ бабайы зæр- дæйы рис цæуылнæ æмбарыс? Уæвгæ дæ баба уæд хъуыди, мæ хъæбысы-иу куы бафынæй дæ, мæ хъуырыл дæ ауыгъдæй куы хастон. Стæй уыцы æнæхицауимæ куы сбæндæн дæ, уæд дæ баба ферохи. Ныр дын уый нал ис, уæддæр уый ’рдæм хæцы дæ зæр- дæ», - Парса æнæуидæр нæ уарзта йе сиахсы, ныр æм мæрдтæм дæр феххæлыд. Уыцы бон Ева чындз æмæ Елисайæн дæр ской кодта, ныр афон у мæ хæдзар бацагурон, зæгъгæ, æмæ йæ сывæллæтты дзау-
мæттæ бæстон кæныныл схæцыд. Сылгоймæгтæ бадиссæгтæ кодтой: «Куыд тагъд?.. Цавæр у?.. Дæ къæхтыл уал рæстмæ слæууыдаис, дæ маст дæ зæрдæйæ ахаудаид»... Ацы ныхæсты Ева ахæм хъуыды фæхатыд: «Цæрæнбонты дын ам баззайæн нæй»... Æмæ ноджыдæр фæрыст йæ рыст зæрдæ. Уыцы ’хсæв зæрæдты уаты суанг кæдмæ нæ ахуыссыд рухс, цæуылдæр быцæу кодтой йæ фыд æмæ йæ дыккаг мад... Райсом уæрдоныл дыууæйы фæлыст хуыссæнгæрзтæ æмæ чы- сыл цыдæртæ бафснайдтой æмæ... Хæрзбон загъта Ева ныр дык- каг хатт йæ фыды хæдзарæн. Фыццаг хатт хъæлдзæгæй ацыд, уырныдта йæ, тагъд кæй бафидаудзысты æмæ та зæрдæрайæ цæудзæн йæ цæгатмæ. Фæлæ ныр æрхæндæгæй цыд, кæм схъо- мыл, уыцы хæдзарæй, фæстæмæ йыл ницы хæцыд æмæ къуыр- ма рыст кодта йæ зæрдæ... Бинонты цæсгомыл цыма бæрæгæй зынд: «Тагъд дæ куы фервæзиккам». «Мæ мад удæгас куы уыдаид, уæд мын афтæ зын нæ уаид мæ иунæгдзинад, мæ лæппутæй мын иу уæддæр ныууагътаид йæхимæ æмæ мын æй схъомыл кодтаид...». Хорз уыд, æмæ-иу истæуыл куы маст кодта, уæд-иу ныддур, цæссыг дзы нал хаудта, æндæра... Афæндараст кодтой идæдзы æд сывæллæттæ. Таймураз та абон дæр нæ уыд хæдзары. Мæнгæй нæ фæ- зæгъынц: «Хойы зæрдæ - æфсымæрмæ, æфсымæры зæрдæ - хъæдмæ». «Йæхи мæ расай-басай кæны, ныр æнæхъæн мæй ам дæн æмæ иу хатт зæрдæбын ныхасмæ никуы абадт мæ цуры. Куыд мæ- гуыр дæ, ме ’намонд сæр, куы...». - Куыдта йæ зæрдæ Евайæн, фæлæ æддæмæ ницы æвдыста. Ева кæмдæр раст хъуыды кодта. Таймураз йæ разы азым- джынæй хатыд йæхи æмæ йæм йæ цæсгом комкоммæ бакæсын нæ хъæцыд. Уыйхыгъд ын йæ лæппутыл тынг зæрдейæ уыд. Рæвдыдта сæ, дзаумæттæй дæр сæ сфæлыста. Йæхицæн нырма иу чызг йеддæмæ ницы уыд. Йæ хомæ ма хæлæг дæр кодта, лæп- пу йын кæй нæ уыд, уый тыххæй. Ацы æнæзæрдæмæдзæугæ хъуыдыйыл йæхицæн дæр нæ саст - адæймаг цыфæнды ма уа, уæддæр фыццаг йæхи сæрыл фæхъуыды кæны...
Таймураз æдзух æддæ кæй уыд, уымæн ын аххосаг уыд. Ног царды сæрыл тохгæнджыты змæлды бæрнон куыст кодта æмæ ’хсæвæй, бонæй уыцы хъуыддæгты фæдыл рацу-бацу афтæ æн- цон нæ уыд. Бинонтæ ницы зыдтой, цы аразы, кæм вæййы æмæ Парса æдзух хъуыр-хъуыр кодта: - Хæдзар æмæ йын дуар нал ис, цы лекка кæны дыууæрдæм? Дæ цæрæнбонты, дам, цъæх цæстыл дæр ма бахуд, кæмæй фæци, магуса æмæ зивæггæнаг?.. Таймураз фæстæмæ дзурын ахуыр нæ уыд æмæ-иу зæронды хъуыр-хъуыр дымгæ ахаста... Абон та сæумæрайсом талынгтæй Оконамæ куы цыд, уæд Гыгыйæн бафæдзæхста: - Баба та исты куы дзура, уæд ын зæгъ, уæртæ, дам, Кудзийæн сугласынмæ ацыд, стæй, дам, махæн рацæудзысты... Ева та афтæ æнхъæлдта, цыма йе ’фсымæр йæхи барæй айста, цæмæй йын «ам баззай» зæгъыны сæр ма бахъæуа. ...Парса галты разæй цыд, Ева æмæ йæ лæппутæ та уæрдо- ныл бадтысты, хъæуæй куы ахызтысты, уæд Къодайы фæ- хæрдгæнæны уæрдон афтæ цъусгай цыд æмæ кæстæр лæппу Бе- жан йæ мады хъæбысы бафынæй. Никъала æмæ Сосо æнцад бад- тысты. Мад хъуыдыты адзæгъæл, ницы сæм дзырдта æмæ цыма уыцы чысыл зæрдæтæ дæр æнкъардтой - нæу къæбæда миты рæстæг, уыйау æдзынæгæй кастысты фæндагмæ. Фæссихæрттæй ахызт, афтæ бахæццæ сты сæ мæгуыр хæдзар- мæ. Кæрт уыд марзт, рæуæд бæласы аууон хуыссыд æмæ сынæр цагъта. Мила кæрты дуарæн æддейæ кауы цур хуыссыд, йæ сырх- сырхид æвзаг æддæмæ раппæрста æмæ бындзытæм фæкъæпп- фæкъæпп кодта. Сабитæ куыддæр сæ хæдзар, сæ куыдзы ауыдтой, афтæ зæхмæ сæхи раргъæвын кодтой æмæ сæм Мила дæр æрбалыгъд. Куыдз сæ быны атылд, сæ чысыл къухтæ сын сдæрдта æмæ фырцинæй хъыс-хъыс кодта. Парса уæрдон кæрты дуары цур баурæдта. Бетион куыддæр сывæллæтты хъæлæба фехъуыста, афтæ сæ размæ ратындзыд- та. Нырма чысылтыл бацин кодта, стæй Евамæ бацыд. Уый кæр- ты астæу лæууыд сау дарæсы. Йæ зæрдæ афтæ гуыпп-гуыпп код- та, афтæ, æмæ йæ акъахдзæф кæнын нал уагъта. - Мæ сæр дын амæла, мæ сæр, - ныттыхсти йыл Бетион æмæ йын ныпъпъа кодта, - æрбаздæхтæ, дæ сæрылхаст фæуон... 0,
æмæ афтæ, тынг хорз бакодтай... Иунæгæй мæ ныууагътат дыу- уæ хæдзарæй æмæ æнæхицауæй мæлын дæр нал фæразын. - Æмæ Ирбег кæм ис? - Ма мæ фæрс, дæ нывонд фæуон, - йæ зæрдæ бауынгæг зæ- ронд усæн. Уæдмæ Парса кæрты дуар байтыгъта æмæ уæрдон мидæмæ æрбатылд. Бетион хорзау нал фæци. Ныр фæхатыд, фыццаг хъуамæ хис- тæрæн райстаид йæ къух: - Æ, мæ сæр куыд амард!.. - фæкодта æмæ Парсамæ фездæхт. - Гас нæм цу, Парса! Хуыцауы хатыр бакæн, мæ фыртыхстæй цытæ кæнын, уый дæр нал æмбарын. Мидæмæ, дæ хорзæхæй... - Бузныг, бузныг, - багуым-гуым кодта Парса. - Галты уал ра- уадзон... Бетион фæстæмæ фæзылд. Йæ раздарæны дзыппæй дæгъæл систа æмæ хæдзары дуар бакодта. Уат хæрзæфснайд æмæ сыгъдæг уыд. Ева куыддæр къæсæрæй бахызт, афтæ цыма цыппар къулæй дæр иумæ уазал дымгæ растад æмæ йыл æртыхст, уыйау базыр- зыр кодта. - Мæнæ дын бандон, сбад, дæ сæрылхаст фæуон. Бафæллад- тæ, стæй рынчын фæстинон... Уымæн баихæн кодтай, æвæццæ- гæн, - старсти Бетион, Евамæ кæсгæйæ. Ева æрбадт. Йæ уæрджытæ йæ нал урæдтой. Дзурын, исты зæгъын æй фæндыд, фæлæ цыдæр йæ хъуыры, сæхъис къуыбы- лойау, ныццæхгæр. Къулыл Къотъейы дæрдджын цухъхъамæ нымдзаст æмæ йæ цæссыг йæ рустыл лæдæрсти. «Амæй фæстæмæ хъуамæ æнæдæу иунæгæй æрвитон дæ уарзон чысыл хæдзары мæ бонтæ. Æнæдæу хъуамæ тох кæнон цардимæ, æнæдæу хъомыл кæнон лæппуты... Æз æнæдæу цы сарæхсдзынæн, мæхи Къотъе, цы? - ахъуыды кодта æмæ йæ сæры февзæрд: - Нæ мæ хъуыд мæ фыды хæдзарæй цæуын» - фæлæ уый уыд иу уысм, иу цæстыфæныкъуылдмæ, стæй йæ сæрæй айсæфт уыцы хъуыды æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл фæхудт. - Авд лæппуйы æмæ, дам, иу чызг хъуамæ схъомыл кæнæм, Къотъеты хъæу, дам, хъуамæ сæвзæра мæ байзæддагæй... Ныр ын йе ’ртæ фырты дæр йæ уæзæгыл ма уыной адæм?.. Цы зæххы гæппæл, цы къæсыл æрхаста йæ сæр нывондæн, уым куынæ змæлон, уæд ма мæ афтæ бирæ цæмæн уарзта?..»
Гом дуарæй йæ цæст Парсайыл схæцыд: зæронд лæг уæн- тæхъил, сæргуыбырæй лæууыд уæрдоны цур. Йе ’нцъылдтытæ цæсгомыл уыйбæрц рыст, уыйбæрц маст зынд, æмæ Евайы зæр- дæ фæрогдæр, ома ныййарæг не суæлæхох йæ чызгыл... Ацы хъуыды дзы цахæмдæр ныфс, цыдæр тых бауагъта. Сыстад, йæ цæсгом асæрфта, йæ фыдмæ бауад æмæ йын йæ цонгыл рахæцыд. - Бафснайæм, баба, цы рарвыстой, уыдон. Фыд æм æнæисты зæгъгæ бакаст æмæ хуыссæнты тыхтон уæрдонæй райста... 7 Бæх афтæ ритмикон къахдзæфтæй цыд, æмæ барæг не ’мбæрста, цæугæ кодта æви искуы бæласы бын бадт æмæ афтæ- мæй нывæзта йæ хъуыдытæ. Хур, æнæфæфиппайгæ, мигъы хъæбысы аныгъуылд æмæ бон йæ хуыз æрбайсæфта. Кæцæйдæр лæстысты здыгъуыз мигътæ æмæ цыдæр рæстæгмæ æгæрон арвы сæхи бакодтой. Бæстæ æрталынггонд, ныггуыппæг, ныссабыр, дымгæйы уддзæф дæр никæцæй цыд. Бæх йæ цыд кодта, барæг æй нæ хъыгдардта. Цыд æмæ, йæ хи- цауау хъуыдыты хыз быдта: «Цы кодтай, мæ уæздан барæг, цы маст бацыд дæ зæрдæйы? Бирæ, тынг бирæ рæстæг куы зонæм кæрæдзи æмæ дæ нырмæ афтæ уæнгуагъдæй куыникуыма фæхастон. Цыма дæ уæз дæр фæфылдæр, ме рагъыл йедзаг хордзены бадт кæныс. Кæд нæ афынæй дæ, мыййаг? Фынæйæ дæр-иу фидар куы хæцыдтæ мæ рохтыл, ныр та, æвæццæгæн, æмбаргæ дæр нал кæныс, кæм ба- дыс...». Иу фæндаг хъæды дзыхæй мидæмæ бацыд - уый хæдзар- мæйы фæндаг уыд, иннæ та комкоммæ цыд, æмраст. Ацы ран-иу бæх алыхатт йæ цыд фæсабыр кодта, барæгмæ-иу банхъæлмæ каст, ома размæ æви мын фæрсырдæм ахæцдзæн мæ рохтыл. Еныр дæр иу уысм æрлæууыд, барæг ницы фæхатыд æмæ бæх йæхигъæдæй хæдзарæрдæм араст. Хъæды ноджы талынгдæр уыд. Барæг цъынддзæстæй бадт æмæ алцыдæр уыдта ирдæй: урс, тынг урс хуыссæнтæ, уаты къултæ дæр хæнт урс, цыма мит уа-
ры, урс пирæнгæмттæй уары æмæ сæ астæу урс, митæй урсдæр æрттиваг зæд тæхгæ ленк кæны, йæ цæнгтæ размæ æппары, цæсгом сæрыхъуынты амбæхсы, стæй та фæзыны... Стæй мит йæ уарынæй банцад, зæд хуыссæнтыл æрхауд цæнгтæтыгъдæй, йæ сау, зæузæугæнаг, сæрыхъуынтæ баз бамбæрзтой æмæ зæхмæ æркалдысты... Иугай æртæхтæ æрхауд арвæй, сыфтæртæ кæрæдзийыл ны- дзæвдысты æмæ, цыма, æнæуæндонæй къæрццæмдзæгъд код- той, ахæм зæлтæ райхъуыст хъæды хуылфæй. Барæг ницы хъуыста... Лæууыд уаты астæу... Миты пирæн- гæмттæ йæ цæсты раз, гæлæбутау, пæр-пæр кæнынц æмæ йæ уыцы зæдмæ кæсынæн хъыгдарынд. Уый уæддæр кæсы зæдмæ, йæ цæст дзы нæ исы, стæй зæд адæймаджы хуызы бацыд æмæ лæмæгъ, тынг ныллæг хъæлæсæй балæгъстæ кодта: - Ма мæ бауадз мæлын, Никъо, нæ бауыдзæн æнæ дæу мæ бон, нæ бауыдзæн... Къæвда уарыд сабыр уардæй. Хъарм æртæхтæ афтæ сабыр- гай згъæлдысты арвы тарæй, идæдз сылгоймаг дæр ма фырæф- сæрмæй хъæрæй кæуын афтæ нæ фæуæнды. Куыдта арв, æмæ нæ хатыд Никъо, йæ цæссыгтæ йæ рустыл куыд лæдæрстысты, уый. Бæххъæдæй схызт, къæвда фæтынгдæр. Барæг инстинктивон æгъдауæй йæ къæхтæй балхъывта бæхы тæнтæ, бæх бамбæрс- та, ныр æй тагъд цæуын кæй хъуыд. Донлæцъирæгæй бахæццæ сты бæх æмæ барæг хæдзары размæ. Тыргъы бандоныл æнæзонгæ сылгоймаг бадт. Йæ хъæбысы - сывæллон. «Фынтæ уынын æви мæ цæстытыл исты уайы...», - бадис код- та Никъо, стæй йæ дзуамæтты дон лæдæрсгæ асиныл схызт æмæ сылгоймагæн йæ сæрæй акуывта. Хæдзаргæс зæронд Марта йæ размæ рауад: - Æ, æз дын куыд амардтæн, уый та дæхи куыд ныххуылыдз кодтай?! Ахæм уды хицау куынæ дæ, дæ нывонд, хъарм скæн, - нызгъæлста йыл Марта. - Ницы кæны, мæхи Марта, куыдз, дам, къуылыхæй нæ мæ- лы, - загъта Никъо æмæ хæдзармæ бацыд. - Хуыцау бахизæд, фæлтау мæ зæронд сæр амæлæд, ныгæнгæ мæ уæддæр бакæндзынæ. Уый агарайаг сылгоймаг у. Ныр дæм
кæдæй-нырмæ æнхъæлмæ кæсы, дæ нывонд, йæ сывæллоны дæм æркодта. - Ныртæккæ йæ басгардзынæн, рынчынтæисæн уатмæ йæ бакæн. Лæппуйыл цыппар-фондз азы цыдаид, фæлæ афтæ гыццыл, афтæ фæлурс уыд æмæ йæ карæй бирæ чысылдæр зынд. Йæ ма- ды ныхæстæм гæсгæ сывæллоны гуыбыны кæлмытæ кæй уыд, уый Никъо уайтагъд базыдта. Хостæ йын рафыста, цы саразын æй хъуыд, уый дæр ын бацамыдта, стæй Мартайæн бафæдзæхста: - Кæд сын ам хицон ничи ис, уæд сæ ахсæв бавæр. Мæнæн та цай куы рахсидис, Марта, мæхи дзæбæх нæ хатын æмæ зæгъын, схуыссон. - Ныртæккæ, ныртæккæ, дæ нывонд... Никъо йæ уатмæ бацыд. йæ уæнгтæ сихæн сты. Сæр дæр къуырма рыст кодта. Марта йын уайтагъд æрбахаста цай æмæ цыхт кæрдзынимæ. Фынгыл сæ æрæвæрдта æмæ æддæмæ ахызт. Никъо тæвд цай афтидæй бахуыппытæ кодта, стæй уат ба- кодта æмæ схуыссыд. Иæ сæры рыст æй фынæй кæнын нæ уагъ- та. Зивæг кодта, уæддæр растад, йе стъолы лагъзæй сæры хос си- ста, аныхъуырдта йæ æмæ та схуыссыд. Кæркуасæнтæм æввахс райхъал æмæ хидæй хуылыдз хъæц- цул иннæрдæм рафæлдæхта. Йæхи афтæ хатыд, цыма фыркуыс- тæй бафæллад. Йæ сæр нал рыст æмæ йæхæдæг дæр не ’мбæрс- та, афтæ тынг цæмæн бацин кодта ацы хабарыл. Æвæццæгæн, дохтыр иннæтæй тынгдæр æнкъары æнæниздзинады рæсугъд- дзинад. Рогæй растад, йæхи хъарм скодта æмæ тыргъмæ рацыд. Зноны къæвдамæ сæхи ныхсадтой бæлæстæ, дидинджыты къутæртæ æмæ ныр райсомы хуры тынтæм худгæбылæй сæхи тавтой. Дидинджыты гомдзæстыты райсомы æртæхтæ тæмæн калдтой, цыма сыл исчи æнæвгъау налхъуыт-налмас бакалдта. «Куыд рæсугъд у алцы, царды цинæй æрттивы бæстæ. Рæ- сугъддзинад царддаргъгæнæг у мæн та ацы рынчынты фæстæ рахау-бахауæй ницæмæ равдæлы...» Рынчыны коймæ та Ева йæ цæстытыл ауад. йæ сæр бан- къуыста.
«Фаг у, зæронд, ныууадз дæ сæнттæ, абонæй фæстæмæ йæ кой дæр куыднæуал скæнай!» - мæстыйæ загъта йæхицæн æмæ, цæмæй истæуыл йæхи аирхæфстаид, уый тыххæй кæрты райста къæпи æмæ цæхæрадонмæ бахызт. Къæпийы сæр æй ницæмæн хъуыд. Зæронд ус бонизæрмæ уыцы чысыл цæхæрадоны архайд- та æмæ дзы алцыдæр уыд нывыл. Никъо къæпийыл лæдзæджы хæст кодта, афтæмæй лæууыд къутæры цур. Хур ын йæ фæсон- тæм ныккаст æмæ уыцы хъарм йæ уæнгты æхцонæй ахъардта. Чидæр кæрты дуар бакодта æмæ Никъо фæстæмæ фæкаст: дуары цур лæууыд æнæзонгæ лæг, йæ цæсгом æнæдаст, йæ дзаумæттæ æнцъылдтытæ. Æнæисты зæгъгæ Никъомæ йæ къух фæтылдта, ома ардæм рацу. Никъо къæпи кауыл бахъил кодта æмæ йæм ратындзыдта. Лæг ын салам радта, фæлæ дзуапмæ нæ банхъæлмæ каст, афтæмæй йæ афарста: - Ды Никъо-дохтыр хъуамæ уай, нæ? - 0, æз дæн. - Цæф лæг дæм æрбакодтон... - Кæм и? - Мæнæ... - Никъойы цонгыл ахæцыд. Кæртмæ бахизæны рахизварс, кауы цур дыууæ тъæпæн ду- рыл уыд фæйнæг æвæрд. Сыхы сылгоймæгтæ-иу хаттæй-хатт Мартаимæ изæрыгæтты ацы фæйнæгыл исты бигæ бадтысты æмæ ныхас кодтой. Ныр та ацы даргъ бандонгондыл чидæр дæл- гоммæ хаудæй лæууьщ. Йæ фæсонтæ - тугæй амæхст. Сæ дыууæ йыл схæцыдысты æмæ йæ мидæмæ бахастой. Хъæдын сынтæгыл æй уæлгоммæ æрæвæрдтой. Никъо йын йæ цæсгоммæ куы ’ркаст, уæд фырдисæй йæ дзыхæй æнæбары схауд: - Æгъ-æгъ-æгъ!.. Æнæзонгæ лæг дохтыры афтæ дисгæнгæ куы федта, уæд фенхъæлдта, ома цæф лæг йе знаг разынд, йæ зæрды йын схос кæнын нæй æмæ йæхи фæтызмæг кодта: - Ацы лæг æнæмæнг хъуамæ фервæза! Æмбарыс?! Никъо йын йæ карз ныхасæн æппындæр ницы нысаниуæг радта. Иæ дыстæ басчъил кодта æмæ Мартамæ ахъæр кодта: - Хъарм дон фен, Марта! Стæй сагъдау лæугæ, æнæзонгæмæ кæсгæ нæ бакодта, афтæ- мæй йын загъта: - Фæкæс мæм, дæлгоммæ йæ рафæлдахæм.
Марта дæр сæм фæкаст æмæ цæфы дæлгоммæ ’рхуыссын кодтой, йæ сæры бын ын баз бакодтой æмæ Никъо ^хъæдгомы сыгъдæг кæнынмæ бавнæлдта. Лæг нæ хъæрзыдта. Йæ цæсты- тæ уыдысты цъынд, йæ цæсгом - мæрдон фæлурс. Хъæдгомæй туг нал цыд, æвæццæгæн, фæцыд, фæцыд, стæй бацахст æмæ йæ уæлæ ныххус. Зæрдæ зына-нæзына тæпп-тæпп кодта. Дохтыр йæ хъуыддаг арæзта арæхстгай, æрфыгæлхынцъæй. Хъæдгоммæ-иу куы фæцæйæвнæлдта, уæд-иу йæ къухы æн- гуылдзтæ цыма базыр-зыр кодтой. Тарст, ма йæ фæриссын кæ- нон, ома? Йæ ныхыл хиды лыстæг цæппузыртæ сæрттывтой, стæй кæ- рæдзийы фæдыл ныххал сты æмæ йæ цæстытыл разæй кодтой. йæ дысæй йæ ных асæрфта æмæ рынчыны цæсгоммæ бакаст. Былтæ дæр, цыма, цæсгомы цъарау, фæлурс сты. Тугдадзинты цæф асгæрста, гæзæмæ ма тæлфыд, куы та-иу бынтондæр ай- сæфт. Ногæй та йын судзин сарæзта. Бафæллад Никъо, уæрджытæ цудыдтой... «Мæ нуæрттæ сайынц, нæ хъæуы ам тæригъæд кæнын, фæс- мойнаг фæуыдзынæн», - загъта хинымæр, скальпелæй хъæдгом астырдæр кодта. Нывнæлдта дохтыры æртысгæнæй, фæлæ ницы... Æндæрæй ацархайдта. Æмæ уыцы чысыл нæмыг авгыл куы ’рхаудта, уæд æхсызгонæй сулæфыд: - Агъа!.. Бахуыдта хъæдгом æмæ йæ бабаста. Рынчыны байстой сын- тæгмæ... Йæ къухтæ дæр нæ ныхсадта, афтæмæй ’рбадт бандоныл. Æнæзонгæ джихæй каст йе ’мбалмæ. - Сбад! - сабыр, фæллад хъæлæсæй загъта Никъо лæгæн, æмæ уый дæр, йæ ныхмæ цы бандон уыд, ууыл йæхи æруагъта. Бадтысты сæ дыууæ дæр æнæдзургæйæ æмæ кастысты, куыд сыгъдæг кодта Марта тугæйдзаг пъол, уымæ. Стæй сæ дыууæ дæр иуæмрæстæджы фæзылдтой сæ сæртæ æмæ кæрæдзи цæсты- тæм фæкомкоммæ сты. - Фервæздзæн? - æнæзонгæ бафарста Никъойы тынг ныллæг хъæлæсæй. Никъойæн дзурын зын уыд. Иу уысм æм фæкаст, стæй загъта: - Мæлæтдзаг цæф нæу, фæлæ дзы туджы цъыртт нал баззад... Кæм фæци афтæ бирæ цæфæй, куыд ничи йын баххуыс кодта? - цыма æнæзонгæйы нæ, фæлæ йæхи фарста.
- Æз æй афтæ æрдæгмардæй ссардтон фæндагыл. Æвæццæгæн, бирæ баззад уым цæфæй - цы ран лæууыд хаудæй, уым туджы цад, цыхтау, ахстæй ныххус... Æнæзонгæ йæ алы ныхасыл, хъуыдыгæнгæ, дзырдта. Стæй бынтондæр банцад æмæ та зæхмæ ныджджих. Цъус рæстæг ра- цыд, Никъо лæджы цæсгоммæ бакаст æмæ йæ ныллæг хъæлæ- сæй бафарста: - Зонгæ дыну? Æнæзонгæ ’рæгмæ схæцыд йæ сæрыл, зынди йыл, дзуаппыл кæй хъуыды кодта. Стæй дохтыры цæстытæм нæ, йæ ныхмæ йын бакаст æмæ йæ сæр æнæразыйы тылд бакодта, «нæ», зæгъгæ! Никъойы нæ бауырныдта, фæлæ ницы загъта, нæдæр йе ’нæууæнкдзинад равдыста. Арф сулæфыд æмæ уæлдæф фæстæ- мæ афтæ, ферхæцферхæцгæнгæ, рауагъта, цыма тамакойы фæз- дæг рафу кодта. Чысыл фæстæдæр та сыстад æмæ рынчынмæ байхъуыста. - Йæ хицæуттæн фехъусын кæнын хъæуы. Мæнæн ацæуæн нæй, - рынчынмæ кæсгæйæ, къахæгау бакодта Никъо. - Кæдæм æмæ кæмæн фехъусынчындæуа? - нæ та схъæр код- та æнæзонгæ йæхи... - Бредза, Гæззаты Парса, - загъта Никъо æмæ йын йæ хъæ- лæсыуагæй бамбарын кодта, - нæ хъæуы мемæ куырмæмбæхс- тытæй хъазын, дæхæдæг сæ хуыздæр зоныс, фæлæ цæугæ. - Нæдæр мæ зонгæ кæныс, никуы дæр мæ уынгæ фæкодтай, бамбæрстай? - загъта æнæзонгæ æмæ сыстад. Никъо йæ мидбыл гæзæмæ бахудт æмæ йæ сæр разыйы тылд бакодта. - Марта! - бадзырдта иннæ уатмæ Никъо, - дæ кæрчытæй иу доны къуыдырфых скæн. - «Бульен» та дæ хъæуы? Хорз, мæ хур, хорз... ...Æнæхъæн æхсæв рынчыны уæлхъус сбон кодта Никъо. Æр- дæгæхсæвмæ æввахс йæ былтæ базмæлын кодта Таймураз æмæ дон æркуырдта. Никъо фестад, йæ сæрыл ын рахæцыд галиу къухæй, рахиз къухæй та йын дон йæ дзыхмæ бахаста. Нынны- хъуырдта дон Таймураз æмæ та йæ цæстытæ æрæхгæдта. Ныр йæ цæсгом фæлурс нал уыд, фæлæ сырх-сырхид. Стæвди... Аходæнафонмæ Парса æмæ Елиса удаистæй æрхæццæ сты Гомтæм.
- Сау фæнык феста дæ мад, мæ иунæг, - цæссыг хурх кодта Елисайы. Дохтырæн йæ къух райста, йæ цæстытæ та Тамуйы агуырдтой. Парса дохтыры раз лæууыд, йæ бон дзурын нæ уыд, йæ ро- цъойы зыр-зыр тыхæй урæдта. Никъомæ тæригъæд фæкаст зæ- ронд лæг, йæ рахиз цонг ын йæ уæхсчытыл æрбатыхта. - Мауал тæрс, Парса, ахæмæй дзы ницы ис. Фидар лæппу у, бафæраздзæн. Зæронд лæгæн йе ’нцъылдтæ цæсгомыл цæссыгтæ сæхи- гъæдæй æрхъуызыдысты æмæ йæ хъуыр ссæрибар, сдзурын æй суагъта: - Чи мæ фесæфта, кæмæн цы кодтон? Дæлæмæ æрхауа мæ хуы- цауы хай, алцы мæнæн хъуамæ бавзарын кæна... - Ницы зонын нырма дæуæй хъауджыдæр... 8 Мадзура лæппу уыд Ирбег. Йæ фыды нæ зыдта, фæлæ уый- хыгъд мады рæвдыдæй цух нæ уыд. Бетион, мæгуыр, йæ иунæ- гыл цæрддзутæ кодта. Йæ ном дзурынæй йын не ’фсæсти. «Ирбег мын цæра» - йæ сомыгæнæн. Ирбег Къотъейæ цъус хистæр уыд, фæлæ тынг адджын уыды- сты. Сæ ныхас кæрæдзийыл бадт, кæд сæ ахастытæ æндæргъуы- зæттæ уыдысты, уæддæр. Къотъе мадæй дæр сидзæр уыд æмæ фыдæй дæр. Йæ фыдыфсымæртæм схъомыл, мады рæвдыдцу- хæй, фæлæ афтæ зынд, цыма Ирбегæй бирæ фæлмæнзæрдæдæр æмæ уарзæгойдæр уыд. Дзурынмæ дæр рæвдз уыд. Ирбег та-иу искæмæн исты хорз куы арæзта, уæддæр - æр- фыгæлхынцъ æмæ æнæдзургæйæ. Бетионæн ацы хабар зын уыд æмæ йæхимидæг маст кодта: «Йæ мæгуыр фыды æвзæрдæр миниуæг рахаста. Никуы йæ бамбардзынæ - цы йын у хъыг, цы йын у æхсызгон. Йæ был ху- дыны сæраппонд нæ базыхъхъыр кæндзæн. Уæдæ йæ афтæ цух дæр ницæмæй уагътон. Куыд рæзт, афтæ мадзурайæ-мадзурадæр кодта. Кæд æм дæхæдæг сдзурай, кæннод бон баизæр уыдзæн, - иу ныхас йæ дзыхæй нæ сæппардзæн...»
Лæппу йæ мады тынг уарзта, фæлæ йыл йæ ныййарæг тынг кæй узæлыд, уый йæм куыддæр æгад каст йе ’мцахъхъæнты цур. Ома мын фыд нæй, сылгоймаджы хъомыл дæн æмæ мæ «сыл- къи» ма схоной, уый тыххæй ма йæхи тыхлæг дæр кодта. Афтæ зынд, цыма гуымир у Фæлæ уый дардæй бакæсгæйæ. Æнæуый та уыд уæздан зæрдæйы хицау; хибарæй-иу куы аззад, уæд бæласæй, дидинæгæй, хъæды цæрæгойæ цас æхцондзинад иста.... Уалдзæджы-иу хъæд къуыбыр куы рафтыдта æмæ-иу лæнчытæ цъæх куы адардтой, уæд-иу йæ зæрдæ хæдзары нал лæууыд. Искуы къутæры бын малусæгыл йæ цæст схæцыд, уæд зæрдæ æхсызгон хъыдзы кодта. «Диссаг дæ, диссаг, куы дыл бафу кæнон, уæд де ’рвгъуыз къаба, денджызы уылæнтау, базмæлы, афтæмæй та митæй дæр нæ тæрсыс, уыцы схъæлæй сдарыс дæ сæр сыджыты бынæй», - йæхинымæр дис кодта малусæгыл... ...Ныр кæдæй-нырмæ нал федта йæ фæлмæнтæ гыццийы, кæдæй-нырмæ йын нал бахордта йæ армæйдзаг. «Ахæр, цард дын фестон, мæнæ куыд дзæбæх рауадысты мæ кæрдзынтæ...», - йæ хъустыл ауадысты мады ныхæстæ æмæ йын цыма йæ хыссæйæ- дзаг къухтæ дæр ауыдта ирдæй, йæ фындз ын уæлибыхы æхцон тæф ахгæдта. «Æнæцæугæ мын нæй. Кæркуасæнты фæстæмæ Къодайы хъæ- дыл раздæхдзынæн. Исчи мæ куы фена, уæддæр мæ ацы боцъо- ты ничиуал базондзæн, уæлдайдæр та ацы гуырдзиаг дзаумæт- ты», - загъта йæхинымæр. Парсатæм Таймуразы хабар куы схаста, уæд бинонтæ уым уы- дысты, фæлæ дзы Ева æмæ йæ сывæллæттыл йæ цæст не схæ- цыд. Парсайы бафæдзæхста: - Нырма сыхæгтæн Тамуйы хабар ма схъæр кæнут, мæнæ дох- тыры бæх дæр уемæ аласдзыстут, мæн ма æндæр ранмæ хъæуы цæуын. Уыцы изæр Къодайы сæрты ахызт хъæды фæндагыл æмæ Гуиргуинамæ ныццыд. Цыд æмæ йæхицæн уырнын кодта: «Мæ цардæфхæрд, мæ уарзон мады уынынмæ цæуын... Йæ армæйконд ын æрæмысыдтæн, йæ фæлмæн хъæлæс нал цух кæны мæ хъустæй...» Цымæ йæхи сайдта æви искæй раз йæхи раст кодта?
Куыд æввахс кодта йæ райгуырæн хъæумæ, афтæ йæ зæрдæ цыдæр æндæрхуызон цины гуыпп-гуыпп систа. Къæхтæ дæр цæугæ нæ, цыма базыртæ уыдысты, - размæ сæхигъæдæй тах- тысты. «Ацыд... Уæдæ, фæстæмæ ацыд... Нæ баззад йæ фыды хæ- дзары...» Æваст йæ цæстытыл ауад æвæджиау хур бон. Хæдзары тыр- гъы цæджындзæй каумихмæ - урс бæндæн баст. Бæндæныл ус чысыл хæдæттæ æмæ авдæны хæцъилтæ тауы. Йæ дыстæ рæмбынкъæдзтæй уæлдæр счъил, бæгъæмзæнг... Бæндæнмæ йæхи сивазы æмæ къаба уæлæмæ сбыры, фæзынынц урс-урсид фæкъæдзгæнæнтæ. Йæ цæнгтæ æрисы, тасæй та хæцъил сисы, йæхи та сивазы æмæ та ферттивынц фæкъæдзгæнæнтæ... Талынг уыд æмæ уый æмбæхста стыр, тынг стыр цин лæппу- йы цæсгомыл. Æрттывтой хурау цæстытæ, арт уагъта зæрдæ æмæ уыдон рухсмæ къæхтæ тахтысты, иу ран дæр никуы скъуырд- той дурыл сæхи... ...Бинонтæ ’хсæвæрыл бадтысты, зæронд ус æмæ æртæ чысыл лæппуйы. Стæй дуар байгом æмæ уый дæр къæсæрæй æрбахызт, йæ цонгыл суджы лыггæгтæ. Пецы цур сæ ’ркалдта. - Раст загътай, Бети, нырма зымæг не ’рлæууыд, фæлæ изæрыгæтты уазал у, - æддейæ ’рбацæуæг баарт кодта. - Еныр ды дæр æрбад, дæ нывонд, æмæ къæбæр бахæр. Сывæллæттæ дзæбæх федтой сæхи. Мæнæ ма Сосо дыккаг хатт æркуырдта мисынæй. - Хæргæ бæргæ кæны, фæлæ йыл уæддæр хуыз нæ хæцы, - загъта та æрхæндæгæй æмæ æрбадт. - Ахæр, ахæр, дæхæдæг дæр, мæ хур. Æнæуи дæр ахæм нард нæ уыдтæ, еныр та фыддæр. Æркæс-ма дæхимæ, куыд ныллыс- тæг дæ! «Æцæг ныммæлæг, фæлæ ноджы тынгдæр срæсугъд. Уыцы саутæ дæр ыл куыд тынг фидауынц... Иу хатт, æрмæст иу хатт дæ мæ риумæ куы балхъивин, æмæ стæй уыцы саутæ мæныл куы фæдарис...» Хæдзары фæстаг къулы чысыл фæрсагæй аивæй каст æмæ йæ зæрдæ, ахст цъиуау, тыррыкк-тыррыкк кодта. Сывæллæтты схуыссын кодтой, фынг систой æмæ та зæронд ус æвзонгæн афтæ:
- Ацæуон еныр, дæ нывонд фæуон. Куыдз суадз æмæ дуар сæхгæн. Æниу цы ис тæссагæй, ам базæронд дæн æмæ нырма нæ комы ахæмæй никуы ницы ’рцыд. Сæ дыууæ дæр дуармæ рахызтысты. Бетионы хæдзарæй рухс калд. - Бети, рухс судзгæ ныууагътай? - афарста Ева Бетионы. - Æмæ гъа, цы ма йын хъуыды кæнын, æвæццæгæн, æндæ- ра мын æй мæ иунæг куынæ ссыгъта, мыййаг. Хæрзæхсæв, мæ чызг, - зæронд ус кауы дуарæй ахызт. Асиныл куы схызт Бетион, уæд йæ хъустæ ацахстой: - Нана, ма фæтæрс, æз дæн... Асины сæр дзыхълæуд фæкодта æмæ цалынмæ исты зæгъын сфæрæзта, уæдмæ йыл Ирбеджы цæнгтæ æрбатыхстысты. Йæ чысылæй фæстæмæ никуыуал ахъæбыс кодта фырт йæ мады æмæ ныр фырцинæй ус бынтондæр бандзыг. - Дæ сæрылхаст фæуон, мæ хъæбул, кæм дæ, кæм? - дзырдта мад, фæлæ йæ ныхæстæ æддæмæ нæ хъуыстысты. «Адджын дæ, гыцди, хъарм, фæлæ дæ бæсты уыцы саударæг куы фæуыдаид мæ цæнгты ’хсæн, - ахъуыды кодта æмæ уыцы тæккæ йæ зæрдæ йæхиуыл фæхудт. - Де ’мгары идæдз... куыд дæ бон баци ахæм хъуыды? Куы ницы, куы ницы... Фæлæ уый æз йæ чысылæй фæстæмæ зыдтон. Мæ зæрдæ йемæ йæ чысылæй фæстæмæ баст у... Сырæзт, счызг ис, никуы йæм суæндыдтæн, ни- куы... Æмæ уый фæраздæр, фæлæ æбуалгъ хъуыды никуы руагъ- тон мæ сæрмæ. Иæ иу фенд дæр мын фаг уыд, æввахс мæм уыд æмæ йæ алыбон дæр уыдтон. Еныр нæ зонын, хæцын мæхиуыл, мæ зæрдæ уæддæр йæ рæхыстæ тоны...» - Кæцæй, куыд, хъæбул?.. - сфæрæзта мад, мидæмæ куы ба- хызтысты, уæд. - Дæхæдæг кæм уыдтæ, нана, афтæ талынгтæм, - цыма йæ чысыл раздæр йæхи цæстæй нæ федта, ахæм фарст æй акодта. - Уæртæ Гæззианмæ бауадтæн, дæ нывонд. Иунæгæй мæхæ- дæг дæр нал фæразын æмæ уымæн дæр аххуыс кæнын. - Куыд æй рауагъта йæ фыд? «Фæстæмæ ма æрбаздæхдзæн, уый æнхъæл нал уыдтæн» хъуамæ загътаид æмæ йæ фендæр- гъуызон кодта. - Парсайы бæргæ нæ фæндыд, фæлæ нæ ныллæууыд Ева, мæхи къуымы, дам, мын æнцондæр у. Зондджын сылгоймаг у.
Лæппутæ, дам, сæ фыды уæзæгыл хъуамæ схъомыл уой. Сæ фы- ды, дам, хъуамæ ма ферох кæной, - дзырдта Бетион артимæ ар- хайгæ. - Исты дын фенон, стонджы дын уыдзæн, хъæбул. - Де знаг гæды зæгъæд, абон къæбæры хъæстæ нæ дæн. - Дæ мад амæлæд, - йæ зæрдæ фæрыст мадæн æмæ æртыкъа- хыг фынг артмæ æввахс авæрдта, ног конд дзул, фæлмæн цыхт, былкъахыр дурыны арахъхъ тагъд-тагъд авæрдта. - Ныртæккæ дын цæрвæхсидæн дæр ацараздзынæн, дæ нывонд фæуон, ног царв мæм ис, - дзырдта райгæ хъæлæсыуагæй мад. - Афтæ йæ рахæсс, - нæ йæ фæндыд, бафыдæбон кодтаид мадæн æнафоны. - Нæннæ, куы уарзыс, мæ лæппу уæд цæуыл дзурыс, иу уысммæ ацæттæ уыдзæн. Аг бауæларт кодта. Ирбег иу сыкъа арахъхъ анызта æмæ йын йæ фæстæ фæлмæн цыхт акомдзаг кодта. Арты æвзæгтæ сырх-сырхидæй райвæз-байвæз кодтой æмæ хæдзары рухс дардтой. Сугтæ къæрцц-къæрццæй сыгъдысты, цин кодтой хæдзары къултæ сæ хицауы ’рцыдыл. Хæдзары хица- уæн та йæ хъуыдытæ йæ сыхаджы хæдзары къуымты рафт-бафт кодтой. «Нæма æрбарухс уыдзæн, æз ардыгæй дард уыдзынæн æмæ дæ цæстæй-цæстмæ иу уынд дæр нæ фæкæндзынæн... 0, æмæ цæмæннæ? Цы фесæфдзæн уымæй, уæдæ ма цæмæн лыгъд мæ разæй мæ зæрдæ?» - Нана, мæ аконды фæстæ мæ исчи агуырдта? - æваст бафар- ста йæ мады. - Нæ, хъæбул. Дæ хабар мæм-иу Апъалойы Лео хаста. Иухатт ма мын Лади загъта, уыцы лæппуйы, дам, сæхæдæг акодтой, агургæ та, дам, æй ам кæнынц, фæлæ мын мæхи никуы ничи бафарста. - Раджы уыд уыцы хабар? - Куы дæ акодтой, уый хæдфæстæ. - Макæмæн мацы зæгъ, ам кæй уыдтæн... - Уый та куыд? Фæстæмæ та?.. - Бонæрдæм... Мад ын уат кодта æмæ йæ къухтæ зыр-зыр кодтой, куыдта зæрдæ, æнæцæссыгæй куыдта. Йæ бон дзурын нал уыд. Зæгъгæ дæр ын цы хъуамæ кæна, зоны йæ фырты зондахаст, уæддæр нæ басæтдзæн...
Рухс ахуыссыд... Бинонтæ схуыссыдысты. «Дæ мад дæ сæры бæсты фæцæуа, мæ иунæг, цы дæ рахау-ба- хауаг ис. Иннæтæ куыд цæрынц, ды дæр афтæ цæр. Æркæн дæ- хицæн бинонтæ æмæ æз дæр мæ удæгасæй хъæбулы цоты ад базонон. Сæ нывонд мæ сæр Къотъейы сывæллæттæн, фæлæ Къотъе дæуæй кæстæр уыд, цæрын ын куы бантыстаид, мæ уд дæр ын уый куы фестадаид, мæхи лæппуйау æй уарзтон, уæд уымæй амондджындæр лæг нæ комбæсты нæ уыдаид. Уыдон хуызæн хъæрмуд, уыдонау кæрæдзийыл аудгæ дыууæ уды мæ цард-цæрæнбонты никуыма федтон. Ды кæдмæ иунæгæй хъуа- мæ тонай дæ бонтæ, мæ зæрдæйы уидаг, кæдмæ?..» «Дыууæ къахдзæфы у ардыгæй дæумæ, дыууæ къахдзæфы, фæлæ куыд дард дæ... Дардæй дæм куы тындзыдтон, уæд мæм афтæ зынд - мæ цонг дæм байваздзынæн æмæ мæ риуыл дæ... Еныр не ’хсæн æцæг иу цонджы дæргъæн фæндаджы йеддæмæ нæй æмæ дæм не ’ххæссын... Зонын æй, никуы уыдзæн уый, фæ- лæ ацы куыдзы зæрдæйæн цы ми бакæнон, куы йæ æз абырсын, хъæбысæй хæцæгау, куы та мæ уый фæкæны йæ быны»... Райсомы ’рдæм цы арæдзæ-мæдзæ кодта, æндæр йæ цæст цъынд нæ федта. Мад арæхстгай сыстад, фæндаггæгтæ йын исты ацæттæ кæнон, зæгъгæ. Сбони. Лæппу не сты, æмæ мад иуæй цин кæны чысыл-ма фылдæр фæуыдзæн йæ хъæбул хæдзары, иннæмæй тæрсы - ма йын бауайдзæф кæна, цæмæннæ мæ райхъал кодтай, зæгъгæ. Хур скаст. Ирбег райхъал. Сыгъдæг, фæлмæн хуыссæнтæ, йæ- хи уат... Куыд адджын у хи артдзæст, хæдзар... Фæлæ нырма нæй хи хæдзары цæрыны бар... «Бар? - йæхинымæры бахудт. - Чи бай- ста уыцы бар? Фендзыстæм чысыл фæстæдæр, кæмæн цы бартæ уыдзæн...» Æваст Таймураз йæ цæстыты раз æрлæууыд. «Куыд арвыста цымæ дысон йе ’хсæв? Æнæмæнг æй базонын хъæуы, чи йæ фехста. Æвзæр кусынц нæ лæппутæ, иунæгæй рауадзын æй нæ хъуыд. Кæд йæ размæ бабадтысты, уæд чидæр нæхицæй гадзрахатæйцæуæг у, нымудзæг ис не ’хсæн. Æвæстиатæй цæ- уын хъæуы», - фидарæй загъта æмæ цырд фестад. Тыргъмæ ра- хызт, мæ цæсгомыл дон скалон, зæгъгæ, æмæ сагъдæй баззад... - Баназ, Мила, сылы, æхсыр та - лæппутæн, - куыдзæн бæлæ- гъы сылы ауагъта æмæ йыл йæ рæхыс бафтыдта. Йæ астæу куы сраст кодта, уæд йæ буар фæхатыд, чидæр æм кæсы. Бетионты
’рдæм йæ сæр разылдта. Иу уысм фæджих, йæ зæрдæ фæсæххæтт ласта: боцъоджын бæзæрхыг лæг лæууы тыргъы æмæ дзы йæ цæст нæ исы. «Къотъе, мæхи Къотъе... Дæуæн мæ сæры хилтæй саудæр рихитæ уыд... Ай Ирбег фæзынд, æвæццæгæн, фæлæ бо- цъо куынæ дардта...» Лæппу æнæхъуыдыгæнгæ, æрхызт тыргъæй æмæ цæсты фæ- ныкъуылдмæ Къотъеты кæрты фестад. - Æгас цу Ирбег, - йæ размæ рахызт Ева æмæ йæм йæ къух ба- даргъ кодта, - дардмæ дæ, чысыл-ма бахъæуа, мауал базонон. Ирбег йæ рахиз къух усмæ авæрдта, галиу къухæй та йæ боцъо æрдаудта æмæ сылгоймаджы цæсгоммæ кæсгæйæ баззад. Нырма афæлурс сты йæ уадултæ, стæй сыл арт ссыгъд æмæ цæстытыл фæлмгонд абадт. - Кæм дæ, дæ хуыцауы тыххæй, дæ мад дæ мæтæй æрдæг куы фæци? - загъта та Ева æмæ дзы йæ къух исæгау акодта. - Мæнæ, - тыхæй схауд йæ дзыхæй иу ныхас æмæ йæ цæсго- мыл тыхмидбылхудт ферттывта. «Мæ мад мыл кæй мæт кæны, уый бæргæ зонын, ды кæд кæ- ныс мæ кой, уый у сæйраг...» - Рацу мидæмæ, - æнæбары бакодта фысым. - Нæ, нæ мæ ’вдæлы уыйас, цæугæ кæнын, æмæ... Ехх, куыд тынг æй фæндыд, загътаид ын, æнæдæу фенгæ нæ баци мæ бон ацæуын... Фæлæ нæй, нæ хъæуы, нæ хъæуы... - Хорзæй баззай, мæ мад - дæ фæдзæхст, - иу каст ма бакод- та усмæ, æрмæст ын йæ гуырыл æрхаста йæ цæст, йæ цæсгоммæ бакæсын ын фæзын, æмæ тагъд къахдзæфтæй фездæхт фæстæмæ. - Хæрзвæндæгтыл фæцу, Ирбег, - иу-дыууæ къахдзæфы акод- та йæ фæдыл, стæй мидæмæ баздæхт, сывæллæттæм. «Цы кодта, дæ мæрдтыстæн, ацы лæппу цы цъæхтæ-буртæ кодта. А дзурын раджы дæр никуы арæхст, фæлæ ныр бынтон куы байгомыги. Æвæццæгæн, идæдз сылгоймаджы раз æфсæр- мы кодта, ме ’намонд сæр сар фæуа...» Бетион къæбицы гом дуарæй уыдта, куыд тыхстæй лæууыд Ирбег Евайы раз æмæ æваст куы фездæхт, уæд сæм йæ зæрдæ фехсайдта. «Нæ, алæ, цы нæ ахъуыды кдендзæн адæймаг...» - æмæ йæхи мидæмæ байста. ! - Нана, цæуын. - Къæбæр уал ахæр, хъæбул. - Нæ, æгæр афæстиат дæн.
- Уæд та дын мæнæ чысыл цыдæртæ фæндаггаг, - йæ цæсгом- мæ йын бакаст мад. Цæхæрау æрттывтой цæстытæ, цæсгом цинæй ради. «Куыд тынг æхсызгон ын уыд йæ фенд, уагæры...» Зæрдæ та дызæрдыджы бахауд. Ирбег нæ уарзта йæ къухы исты хæссын, фæлæ йæ иуæй йæ мады фæхъыг кæнын нал бафæндыд, иннæмæй æвиппайды фæхъуыды ласта, Таймуразмæ афтид къухæй цæуыны бæсты исты бахæссын хуыздæр у, зæгъгæ. - Цымæ та дæ кæдмæ нал фендзынæн, лæппу? - Æвæццæгæн, тагъд æрыздæхдзынæн... Тыхсгæ ма кæн, на- на, - загъта æмæ атындзыдта. - Лæгты дзуар де ’мбæлццон, мæ иунæг, рæствæндæгтыл фæцу æмæ сæрæгасæй сæмбæл дæ хæдзарыл», - йæ фæстæ каст æмæ йæхимидæг арфæтæ кодта мад. Ирбег хæдзары фæстæты кауыл ахызт æмæ фæсфæндæгты хъæуæй аивгъуыдта. Коммæ ныххызт, мæнæ ма доны сæрты дурыл ахиздзæн æмæ хъæдмæ баирвæздзæн. Стæй Цънелисы иувæрсты суайдзæн, Къодайы хъæдмæ бахиздзæн æмæ аууæт- ты ныффардæг уыдзæн... Цыд тагъд, даргъ санчъехтæй, йæ алыварс йæ цæст хæсгæ. Райдзаст райсом уыд. Хур æнæвгъауæй, нæртонæй калдта йæ тарæй зæхмæ сыгъзæрингъуыз рухс. Бæлæсты ’хсæн-иу абы- рыд тын æмæ цæугæдоныл ранæй-рæтты æвзист роны æрт- тывд кодта. Рæсугъд у хæхты хурыскаст. Арв йæ зæрдæйы дзаг бахуды, урс мигъы пирæнгæмттæ йæ риуыл атайынц æмæ, æгæрон цъæх-цъæхид нымæтхудау, æрдæлгом вæййы хъæуы сæрыл. Уы- цы сыгъдæг арв афтæ æввахс фæкæсы лæгмæ æмæ зæгъдзынæ: мæнæ бæласыл куы сбырон, уæд æм къухæй дæр сæвналдзынæн... Цыд. Йæ зæрдæ цинæй уыд йемыдзаг. Цыд æмæ цыма уый йæ разæй, гæлæбуйау, пæр-пæр кодта, йæ фæстæ тындзыдта. Иу дурæй иннæмæ - гæпп, иу ма ноджы æмæ донæн уыцы фарс... Фæцыд гæрах, дыккаг, æмæ лæг цы дурыл лæууыд, ууыл бадæгау æрхаудта. Уысммæ дамбаца йæ ронæй фелвæста, æмæ æхст кæцæй фæцыд, уыцырдæм акаст. Къутæр базмæлыд... До- ныбадæджы цæст кепкæ худыл схæцыд... Йæ цæстытæ тарытæ кодтой, фæлæ йæ фыртæвдæй ницыуал хъуыды кодта, нæмыг къутæрыл нызгъæлста.
Худ нал зынд. Змæлæг дæр нæй. Ирбег йæ дамбацамæ ’ркаст, иу æхст ма фæкодта къутæры æмæ сыстыныл ацархайдта. Ри- уæй туг цыд æмæ дон иуцалдæр къахдзæфы сырх дардта, стæй туг донимæ змæсти æмæ йæ хуыз сæфт. «Не ’хсæн ис, чидæриддæр у, нæхион у. Худ Тегæйы худы хуы- зæн у, фæлæ куыд, уый та куыд?.. Хъуамæ исчердæм схилон». Æмæ та йæхиуыл схæцыд, нæй, къæхтæ коммæ нал кæсынд, астæу гуыры нал уромы. Хæдоны фæдджи хъæдгомы ныннадта, кæд туг фæлæууид, зæгъгæ. «Циу ай, мæхи куынæуал фæразын». Риуы рыст æм гъеныр бахъардта, фæлæ йæ цыппæртыл абы- рыд, ахызт донæй æмæ къутæрмæ скодта йæ ных. Бырыд размæ, куы дурыл хæцыд, куы - бæласыл, тыхæй схæццæ уыцы къутæры онг æмæ... Лæг цыма йæ улæфт уагъта, къутæрыл йæ фæсонтæй банцой кодта, галиу къах йæ быны, рахиз размæ адаргъ, сæры кæхц - пырх, цæсгомæн тугæй базонæн нал и... Кепкæ худ - зæх- хыл, дамбаца йæ хъæбысмæ æрхауд... «Æх, æнамонды гуырд, мæ лæвар дамбацайæ мæ дæ зæрды мæрдтæм барвитын уыд, и? Куыд зынбазонæн дæ, адæймаг, куы?!» Цыма-иу аталынг, стæй та-иу хур ракаст... Зæрдæ фæцæй- хъуызыд, стæй та-иу æнæбары стæпп-тæпп кодта. «Ам æнæхи- цауæй мæлдзынæн... фæндагмæ... Мæлдзынæн?.. Мæ адæм мæм æнхъæлмæ...» Стæй та баталынг... 9 Елбачион райсомæй сæгъты радыгъта æмæ Лади фос а ныр хизынмæ аскъæра, афтæ йыл ус сбустæ кодта: - Дæ мæрдтыстæн, ацы лæг, æппын хъæды пыхс никуыуал ис? Иу цъылынхор ракæн æмæ йæ рахæсс, цас диссаг у. Цæмæй рамæрзон фосы бынтæ? Ныкъкъуыдыр ис ацы уисой! - Хылы зæрдæ дæм куы ’рцæуы, уæд æфсон агурынмæ хъæд- мæ дæр, ахæццæ вæййыс. Æрхæсдзынæн дын, цы хъæр кæныс æхсæвыцъæхæй, - бауайдзæф ын кодта лæг æмæ куыдзмæ фæсидт: - А, Æрсой, Æрсой!.. <Ф^о^/-,94 "х^3^>
Куыдз, æцæг арсы хуызæн, йæ хицауы фæстæ атындзыдта. Комы фыццаг гæрах куы фæцыд, уæд æй æвиппайды фе- хъуыста Лади. «Агъа, кæцыдæр æнамонд цуанон та гæрæхтæ систа. Рарвит ын, Æфсати, йæ размæ сычъи», - йæхинымæр загъта. Фæлæ нæмгуыты къæр-къæр куы сарæх, уæд йæ хъустæ фæхъил сты æмæ доны ’рдæм акаст. Ницы суыдта, фæлæ тынг сцымыдис. Куыдзы фосы цур фæуагъта æмæ дæлæмæ азгъордта. Донбыл чысыл ауад æмæ фаллаг фарс бахизæны цыдæр къæсса ауыдта. Бахызт. Дуртыл туджы фæдтæ нæма басур сты. Къæсса систа, уый дæр - тугæйдзаг. Зæхх цæстæй асгæрста æмæ туджы фæд-фæд æд къæсса фæцæуæг. Цалдæр санчъехы фæстæ дæлгоммæ хауд лæджы суыдта. Цыдæр тас ын йе уæнгтæ сбаста, фæлæ йæ цымыдис афтæ стыр уыд, æмæ мардмæ йæхи баласта. Йæ сæрыл ын схæцыд æмæ... - Æтт, мæ зынг куыд баххуыссыд, гъе! - фæкатайаг Лади. Уæлгоммæ йæ рафæлдæхта. Ирбег нырма хъарм уыд. Туг дæр цыд нырма æмæ йæ риу лæхъирæй лæууыд. «Уды мидæг ма ис, фæлæ æз иунæгæй ницы бакæндзынæн, хъæуæн фехъусын хъæуы». Йæ тых, йæ бонæй ныхъхъæр кодта: - Уæ, Дзерантæ, быны сæфт фестæм!.. Уæ, мæ сæр сайраг куыд фæцис, гъе!.. Адæм усæй, лæгæй, сывæллонæй лыгъдысты комырдæм, иу- тæ æрдæгкæндтытæй, бæгъæмвадæй, пыхцылсæртæй... Лыгъ- дысты удаистæй æзфæраздæронæй, лæгæрстой доны. Хъæр, цъæхахстæй ком нæрыд... - Ирбеджы амардтой! - хъæр кодта чидæр. «Ирбеджы амардтой!» - фæстæмæ здæхтой хæхтæ фыдохы хабар. Лæппутæ^ Ирбеджы арæхстгай систой зæххæй, цæмæй йæ ’рхастаиккой фæндагмæ, фæлæ сæ кæцыдæр ауыдта къутæрыл æнцойгонд марды æмæ ныхъхъæр ласта: - Мæнæ-ма-а! Мæнæ ноджы иу мард! Тынгдæр сæмбу кодтой адæм. Чи цы дзырдта, чи - цы. Иутæ афтæ: - Кæрæдзи амардтой.
Иннæтæ: - Чидæр сæ амардта... Бетион Ирбеджы афæндарасты фæстæ къæбицмæ баздæхт æмæ цыдæртæ архайдта. Йæ зæрдæ афтæ уæззау уыд, йæ хъуы- дытæ афтæ змæст, мигæнæнтæ йæ къухтæй хаудысты. Гом дуарæй хъæлæба, цъæхахст куы ’рбатахт, уæд зæрдæ ауа- залгонд, йе уæнгтæ æрызгъæлдысты. Уыцы уысм йе ’ппæт буарæй банкъардта - цыдæр стыр бæллæх æрцыд хъæуыл, фæ- лæ сæфгæ æрмæст йæ хæдзар фæкодта, æндæр ничи... Цыма йæ исчи расхуыста, афтæ ратахт ацы уæззæуттæ сыл- гоймаг æддæмæ. - Ева-а-а! - ныхъхъæр кодта Къотъеты ’рдæм æмæ дæлæмæ, адæм чердæм лыгъдысты, уыцы ’рдæм йæхи аппæрста. Ева уымæй раздæр фехъуыста Ладийы сайраг æмæ лидзæг адæмы разæй, йæ сау кæлмæрзæн фæйлаугæ, атахт. Бетион Ирбеджы алыварс тыгуырæй лæууæг адæммæ куы баввахс, уæд сæ хъæр фескъуыд æмæ дыууæ дихæй фæстæ алæу- уыдысты. Суыдтой мады цæстытæ йæ домбæйттæ лæппуйы уæлгоммæ хаудæй... Зæрдæ йæ кусынæй фæлæууыд, уæрджытæ бадон сты... Æрмæст сæрымагъз нæ сайдта - куыста æмæ рæст- дзинад не ’мбæхста ныййарæгæй: «Дæ арт бауазал, Бетион, бон сихорафон дæ арв æрцавта...» Дыууæ дихгонд адæмы ’хсæнты йæ къæхтæ размæ исыныл йæ уд хъардта, фæлæ сæ нал фæрæзта. Йæ сæрбæттæн фæстæмæ абырыд, урс ныхы уырынгтæ фæарфдæр сты, цæсгом цыма ду- рæйконд уыд... - Мæ хъæбул, мæ сидзæрæй хъомыл иунæг, куыд мæ ныууагъ- тай хурмæ, - тынг ныллæг хъæлæсæй, ризгæ былтæй сфæрæзта æмæ лæппуйы раз йæ зоныгуылтыл æрхауд, йæ сæры бын ын йæ рахиз къух ауагъта æмæ йыл рахæцыд. Цыдæр хъæрзыны хуызæн схауд Ирбегæй æмæ мады зæрдæйы гæзæмæ ферттывта ныфсы стъæлфæн. Æваст йæ цæст адæмыл ахаста æмæ хуыцаумæ лæгъстæгæнæгау нынниудта: - Марадз ут, адæм, дохтырмæ! Кæд ма мын фервæзид!.. Ныххæррæтт ластой фæсивæд цъаламæ. Дыууæ бæхы рацахс- той, Хъуылымбегты Зауыр æмæ Дзеранты Сауи æнæсаргъ бæх- тыл абадтысты æмæ, фатау атахтысты Гомты ’рдæм... Цæмæй цæфæн æнцондæр уыдаид æмæ йæ уæрдон ма фæ- цагътаид, уый тыххæй Лади дыууæ фæйнæджы хъилтыл ных-
хуыдта, хос ыл æркалдта æмæ цыппарæй Ирбеджы хæрзарæхст- гай йæ уæлæ æрæвæрдтой. Афтæ арæхстгай йæ лæппутæ хъæумæ схастой. Æнæзонгæ марды та уæрдоныл аластой, хицау ын ра- зындзæн, афтæ кæм уыдзæн, зæгъгæ. 10 Рынчынæн йæ цæнгтæ хъæццулы æддейæ лæмæгъ, æп- пæрстæй лæууыдысты. Мад йæ фырты тæвд армытъæпæн йæ уа- зал русмæ балхъывта. Рынчын райхъал æмæ цыма йæ цæстытыл не ’ууæндыд, ахæм каст скодта йæ мадмæ. Стæй æфсæрмгъуы- зæй хæрз сабыргай бафарста: - Афтæ раджы кæцæй?.. Чи уæм æй баскъæфта... - Æвзæр хабар базырджын у, мæ хъæбул, цы дæм рауад, чи мæ сæфта, хур ыл ма ракæса?.. Кæмæн цы гæнæг дæ? - æрдæгкæугæ дзырдта Елиса, æмæ йын йæ къух уæгъд нал уагъта. - Нæ хъæуы нырма уыдæттæй фæрсын... Зæххыл нырма ахæ- мæй ницы ’рцыд, цæрæнбонтæм цы басусæг уа... Радзæбæх уал уа, стæй алцыдæр бæрæг уыдзæн, - загъта Никъо уæззаугай æмæ сын уымæй бамбарын кодта, рынчыны уæлдай фæрстытæй фæлмæцын кæнын нæ хъæуы, зæгъгæ. - Уæдæ куыд бакæнæм, Никъо, дæ рынтæ бахæрон, аласæн ын ис æви?.. - ризгæ хъæлæсæй бафарста Парса дохтыры. - Нырма нæй, Парса. Иу къуыримæ, мæнмæ гæсгæ, фæхъæд- дыхдæр уыдзæн æмæ уæд фендзыстæм. Уæны хъæдгом куынæ фæхуыздæр уа, уæд фæзын уыдзæн. Туг бирæ фесæфта, æндæра цæф афтæ тæссаг нæу. - Мæ хæдзар хъахъхъæнæг зæдæй дæ сфæлдыста хуыцау, Никъо... Ацы хатт ма мæ бахиз фыдбылызæй, æмæ кæд цæрон, уæд... - æндæр зæгъын йæ бон ницыуал баци Парсайæн, йæ сæр иуæрдæм азылдта. Дохтыр æмбæрста, зæронд лæджы зæрдæйы цы арт сыгъд, уый. Сæ дыууæ дæр дуармæ рахызтысты. «Мæгуырæй уæд баззадаис, уыцы лæппу йыл куынæ фем- бæлдаид æмæ йæ мæнмæ куынæ ’рбахастаид... Еныр ын ницы у, иу мæймæ йæ къахыл слæудзæн», - ахъуыды кодта Никъо, Пар- сайæн та загъта:
- Ма тыхс, Парса, алцы дæр хорз уыдзæн. Æрмæст рынчыны цур исчи хъуамæ лæууа, хос, хæринаг ын йæ рæстæгыл хъæуы. Мæхи та, дæхæдæг зоныс, куы кæдæм акæнынц, куы - кæдæм... - Абон мæнæ йæ мад уæд йæ уæлхъус, сом чындзы æркæн- дзынæн, уый хуыздæр сарæхсдзæн, - загъта Парса, стæй мидæ- мæ Елисамæ бадзырдта. - Уæдæ æз фæстæмæ аздæхон, Гæбæ- риан, сом чындзы ракæндзынæн. Мæнæ хордзентæ равдæлон кæнут. Елиса æмæ Марта хордзентæй систой уæливыхтæ, фæлмæн цыхтытæ, æргæвст кæрчытæ æмæ сæ срæдзагъд ластой фынгыл. Никъо Парсайы ахизын кодта уынгмæ. Дысон йæ цæст цъынд кæй нæ федта, уый йыл еныр æртæфсти. Йæ сæр къуырма рыст кодта. «Сыгъдæг уæлдæфмæ, стæй æрхуысдзынæн», - ахъуыды код- та æмæ - уазæджы дæр фæндараст кодта æмæ йæхицæн дæр афтæ пайдадæр уыд. Цыдысты фæрсæй-фæрстæм. Парсайæн йæ зæрдæ иу маст æууылдта. Дохтыры бафæрсын ын зын уыд, фæлæ йæ мастæн хуыздæр дзуапп кæмæй базыдтаид? - Ды йæ зондзынæ, Никъо, æмæ мын æй ма бамбæхс, дæ рын- тæ бахæрон, чи мæ сæфта?.. Æз ныр зæронд лæг дæн, цы нæ æмбæлы, ахæм ми нæ бакæндзынæн, фæлæ мæ сафæджы ма зо- нон, уый дæр цас раст у... - Парса, цæмæн дæм афтæ кæсы, æз æнæмæнгæй зондзынæн, Таймуразы чи фехста, уый? Æви дæм ахæм хъуыды ис, ома æз дæр се ’мдзæхтон дæн, и? Нæ, Парса, æз революционер нæ дæн, нæ кодтон æз паддзахы ныхмæ тох, уымæн нæ, æмæ мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Нæ... Фæлæ мæ революцийы арæзт хъуыддаг дæр нæ уырны. Зонд æмæ зæрдæйæ æз революцийы æвварс дæн, уымæн æмæ зæхх, сæрибар кусæг адæмæн, зæгъгæ, ахæм цард аразы- ныл у йæ тохы сæр. Фæлæ цы уыдзæн, кæд уыдзæн? Революцитæ æз бирæ зонын чингуытæй, фæлæ сæ ничима фæуæлахиз, уый дæр йæхи рæстæг, йæхи гъæдæй æрцæудзæн, афтæ мæм кæсы. Ныр дæр мæм афтæ дзуры мæ зæрдæ, цыма та уæгъды калынц мæгуыртæ сæ туг, - дзурынмæ фæгæрз дохтыр. Парса йын йæ хъуыды рæстмæ не ’мбæрста, уæддæр æм лæмбынæг хъуыста. - Таймуразы знон райсом иу лæппу-лæг æрдæгмардæй йе ’ккой æрбахаста. Уыцы лæджы æз нæ зонын, нæдæр æй фæрсгæ
бакодтон, чи у, уымæй, фæлæ йе ’мбал куынæ уыдаид, уæд ыл афтæ нæ батыхстаид. Уыцы лæг зондзæн хабар... - Хабар мæм чи схаста, уыцы лæг? - дисгæнгæ афарста Парса. - Уый. - Уыцы лæппу гуиргуинайаг у, æмæ мын куынæ загъта, йæ- хæдæг æй кæй ’рбахаста дæумæ? - Уымæн дæр уыдзæн аххосаг. Хъуыддаг уый мидæг и, Парса, æмæ знаг иу лæг нæ уыдзæн, - йæ ныхас та адард кодта Никъо, - уыцы гуиргуинайаг лæппу дæ лæппуйы хæлар кæй у, ууыл дызæрдыг нæ кæнын. Тынг фидарæй мын бафæрæзта: ацы лæп- пу, дам, æнæмæнг хъуамæ фервæза... Иу хъуыддаджы лæуд уы- дзысты, революцийы хъуыддаджы... Революцийы фæуæлахи- зыл тохгæнджытæн та сæхицæй фылдæр знæгтæ ис. Æмæ куыд æнхъæл дæ, чи уыдзысты уыдон? Æз, ды? Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ. Уæлдай дæм кæд исты ис, уæд, чизоны, революци дæуæн дæр дæ зæрдæмæ нæ фæцæуа, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма ды уæддæр рæстдзинады знаг никуы уыдзынæ... Фæлæ бирæ зæххытæ, бирæ мулк кæмæ ис, ома сæ уыдон мæгуыртæн афтæ æнцæнттæй ратдзысты? Нæй, нæ мæ уырны... Уый нæ уыдзæн, æмæ революцийы знæгтæ дæр уыдон сты. Уыдонæн сæ цард арæзт у, мæгуырты мæт нæ кæнынц... - дзырдта æмæ дзырдта Никъо, йæ хъуыдытæн цыма анализ арæзта, Парса дзы иу уысм рох дæр фæци. Уый йын æваст йæ ныхас фескъуыдта: - Æз æй уæддæр не ’мбарын, мæ лæппу цы гæнæг у? - Дæ лæппу... Дæ лæппу дæр, æвæццæгæн, революцийы сæрыл тохгæнæг у æмæ... - дохтыр фæсæццæ: зæронд лæгæн йæ фырт никуы бамбарын кодта йæ хъуыддæгтæ æмæ ныр алцы радзу- рын, чизоны, не ’мбæлы. - Уый та мын цы цух уыд, цы йæ нæ уагъта, цæуыл адæмы фыдæх иста? - Ех, Парса, æз бирæ хъæздыгдæрты фыртты федтон - рево- люцийы сæрыл сæ цард нывондæн хастой. Ды дæхи цæнгты тыхæй хæрыс къæбæр, никæмæй дæ æнхъæлцау æмæ дæхи мæгуыр нæ хоныс. Уæд ма æлдæрттæ та цы зæгъой? Сæ исбон цы фæкæной, уый куынæуал зонынц! - Æлдæрттæ та махмæ кæцæй хауынц. Хуыцау кæй æлдарæй сфæлдыста, кæй сау кусæгæй, уый махæй кæнгæ нæу...
- Сæйраг рахæцæн дæр уым ис... Революци аразджытæ афтæ нæ хъуыды кæнынц, - уыдон хуыцау нæ уырны. Сæ хуыцауы сæхæдæг сфæлдыстой: сæрибар, иудзинад, æфсымæрдзинад - уый дын сæ хуыцау. Æлдарæй, цагъарæй сын иууылдæр иугъуы- зон бартæ хъуамæ уа... - Ды куыд дзурыс, кæд афтæ у, уæд, уыцы революци цавæр у, уый æвзæр хъуамæ ма уа... - Мæгуыртæн æвзæр нæу, мæ хур, цы сафынц, фæлæ ма уæ хъæуы æлдæртты бафæрс, мæгуыртæн сæ зæххытæ, сæ фос, сæ мулк ратдзысты? - Ахæм нæртонæй сæ нæ зонын, - йæ мидбыл бахудт Парса. - Революци сæ тыхæй байсдзæн æмæ сæ мæгуыртыл бай- уардзæн... Еныр бамбæрстай, Парса; чи мары революцийыл тох- гæнджыты? Дæ хуызæн æмæ мæ хуызæн лæг никæй амардзæн, не стыр мулк нын нæ байсдзысты... Ныр аздæхон, Парса, хорзыл амбæл, - куыд загъта Никъо, афтæ Гуиргуинайæ цы лæппуты рарвыстой, уыдон сæ уæлхъус æрбалæууыдысты. Дзеранты лæппу Никъойы дæр хорз зыдта æмæ Парсайы дæр. Куыддæр сæ ауыдта, афтæ бæхæй æрхызт, салам сын радта, стæй хабар радзырдта æмæ Никъойæн ныллæгъстæ кодта: - Дæ сæр нæ бахъуыд, дохтыр, дæ хуыцаумæ скæс. - Уæдæ Бетионы лæппуйы дæр фехстой, зæгъут? - æрхæндæг хъæлæсæй бакодта Парса. - Дысон изæр мæм мæ лæппуйы хабар уый куы схаста, уæд ын йæхи та чи... - Таймуразы дæр? - йæ зæрдæйы дис нал баурæдта Сауи æмæ æнæбары раргом кодта, уымæн дæр иудзинад кæй уыд ацы лæппутимæ. - Куыд у? - дохтырмæ бакаст тарстгъуызæй. - Уымæн ницы у, фервæздзæн, фæлæ уæхион кæд уæззау цæф нæу? - афарста йæ Никъо. - Уды мидæг æй ныууагътам, фæлæ куы фæтагъд кæниккам. - Мæхи бæхыл ацæудзынæн, - загъта дохтыр, лæппуты хидæйдзаг бæхтæм куы бакаст, уæд.
11 Сыхы адæм бон-баизæрмæ Бетионы кæрты сæргуыбырæй лæууыдысты. Ничидæр сæ кæуын уæндыд, ничидæр хъæрæй сныхас кæнын. Иутæ-иу ацыдысты, иннæтæ-иу æрбацыдысты. Кæрт иудадзыг дæр адæмæй уыд йедзаг. Ирбеджы уатæй-иу чи рахызт, уымæ-иу фæрсæджы цæст ныц- цавтой, ома куыд у? Бетион дурæй бадт йæ цуры. Йæ рахиз къух ын йæ дыууæ армытъæпæны дардта. Æрдæг цардхуыст буарæй рацæугæ ды- дзы хъарм мады тугдадзинты хъардта, риуы бын, здыйау, уæз- зау, дзыназгæ зæрдæ-иу гæзæмæ банкъуыста æмæ фæстæмæ здæхт... Цæсгомыл мæрдон хуыз нæма сбадт, фæлæ улæфт гæ- зæмæ, тынг гæзæмæ хъуыст. Хур акъули. Ничима зынди. Лади ма сын сæ размæ æртæ сар- гъджын бæхы арвыста, райсом кæцытæ ацыдысты, уыдон фæс- тæмæ фæлладæй тагъд нал фæцыдаиккой æмæ сæ æрдæг- вæндагыл дæр куы раиват, уый дæр рæстæгæй пайдайы хос у, зæгъгæ. Дохтыр æрбахæццæ изæрмилты. Адæмæн цыма стыр уаргъ се рагъæй ахауд, афтæ æхцонæй сулæфыдысты. - Дохтыр æрбацыд, - кæйдæр ныллæг хъæлæс ацахстой Бе- тионы хъустæ. Йæ сæрыл схæцыд, дæлейæ уæлæмæ скаст Никъомæ. Мады цæсгом иу боны мастæй бынтон фендæргъуы- зон, рустæ, цæстытæ мидæмæ бахаудтой. Евайæн йæ зæрдæ суынгæг, хæкъуырцгæнгæ бацыд Бетион- мæ, йæ цонгыл ын рахæцыд æмæ йæ аиуварс кодта. Никъо Евайы куы ауыдта, уæд дзы, иу уысм кæмæ ссыд, уый айрох. Цины уылæн йе уæнгты хъармæй ацыд. Уаты цы адæм уыд, уыдон, æнæдзургæйæ, дуармæ ахызты- сты. Æрмæст мад, Ева æмæ Лади Ирбеджы сынтæгмæ дæрд- дзæф æрлæууыдысты, дохтыры нæ сæр истæмæн куы бахъæуа, зæгъгæ. Никъо Ирбеджы цæфы баст райхæлдта, æмæ Ладимæ ба- каст. Æртæ дæр иумæ бакъахдзæф кодтой сынтæгмæ. Никъо ту- гæйдзаг хæдон слыг кодта æмæ хъæдгом сыгъдæг кæнын рай- дыдта. Схъæрзыдта Ирбег, мад æм бакъахдзæф ласта...
- Ева, ахизут æддæмæ, ма хъыгдарут, - ныллæг хъæлæсæй сæ бафæдзæхста. - Æгъ-гъ! - райхъуыст та хъæрзын. - Дæ мад амæла, мæ иунæг, - бадзынæзта зæрдæ, нал фæ- лæууыд, лæппуйы ныхыл йæ ризгæ къух авæрдта. - Макæ, Бети, макæ, - скуыдта Ева æмæ рахæцыд Бетионыл, йæ хъарм цæссыгтæ Ирбеджы цæсгомыл æртагъдысты. Лæппуйы былтæ гæзæмæ базмæлыдысты, цæсты уæлтъыфылтæ зына- нæзына уæлæмæ схæцыдысты æмæ тынг ныллæг хъæлæсæй цалдæр дзырды сæппæрста: - Кæуыс мыл, Е-ва, кæ-уыс... Дæ хъ-а-рм цæссыг мыл кæлы... Ех, куыд хо-ор-з у-у...» Никъойæн йæ къух æндзыгæй баззад... «Уый та куыд? Мæ удыскъуынгæ уымæн тардтон бæх, цæ- мæй...» «- Хор-з у-у»... - гæзæмæ та райхъуыст æмæ дохтыр фес- тъæлфыд: «Цæмæн фæстиат кæнын», - æмæ та йæ хъуыддаг райдыдта... Фæлæ уæгъды... Уыцы гæзæмæ æрттивгæ тæпп дæр ахуыссыд Ирбеджы цæс- тыты æмæ баталынг... Бынтон баталынг... 12 Ирбег нырма уæлæуыл уыд, афтæ цины хабар æрбайхъуыст: Уæрæсейы паддзахы раппæрстой, революци фæуæлахиз... Бирæ, тынг бирæ адæм æрцыд мардæн æгъдау дæттынмæ. Мардæн кад æмæ æгъдау дæттын фыдæлтæй баззад ирон адæм- мæ, фæлæ Ирбеджы куыд кадимæ бавæрдтой, ахæм кад æгас комы нырма никæмæн счындæуыд. Центрæй æрвыст æмбæлт- тæ митинг сарæзтой уæлмæрды. Къæсхуыртæ лæппу-лæг æй байгом кодта æмæ ныхасы бар радта делегацийы хистæр Харе- баты Алексийæн. Размæ ралæууыд хæрзконд, уонгджын, ацæргæ лаег, цыбыр сæракæй палто æмæ даргъхъус сæрак цырыхъхъыты. Йæ кепкæ худ йæ къухы, афтæмæй ризгæ хъæлæсæй райдыдта: щ^^?т^ 2°2 -х^з^®>
- Мæнæ хорз адæм, абон мах йæ фæстаг фæндагыл æрвитæм не ’мтохгæнджыты хуыздæры, зынгзæрдæ коммунисты, адæмы сæрибардзинадыл тохгæнæг æмбал Дзеранты Ирбеджы. Зын у, алкæй зæрдæ уæ фæриссын кодта йæ æгъатыр мæлæт, фæлæ махæн - йæ тох-æмбæлттæн дывæр фæрыстысты нæ зæрдæ- тæ - уæлахизы къæсæрыл ахуыссыд йæ цард, цæуыл тох кодта, уый йæ цæстæй нæ федта. Цы гæнæн ис, сæрибардзинад æнæтугкалдæй не ’рцæудзæн. Ирбеджы хуызæн мингай гуырдтæ æрхастой сæ сæр револю- цийы хъуыддагæн, адæмы рæсугъд фидæны тыххæй. Сæ ном ни- куы ферох уыдзæн. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ кад, сæ рухс ном, тырысайау, цæудзæн æмæ сæ номæй архайдзысты ног цард ара- зыныл... Æрдæг сахатæй фылдæр фæныхас кодта Харебаты Алекси. Адæм хъуыстой, æнцад лæууыдысты сæргуыбырæй, æмæ сæ цæссыг сæ рустыл лæдæрст. Ничи никæмæй æфсæрмы кодта уы- цы цæссыгты тыххæй, сæрфгæ дæр сæ ничи кодта... Æгæр бирæ ахаста фыдохы митинг. Хур акъули, йæ тынтæ ма фæстаг хатт узæлыдысты Ирбеджы цæсгомыл. Сæ сыгъзæ- рингъуыз рухс марды цæсгомæн удæгасы хуыз лæвæрдта æмæ афтæ зынд, цыма худгæбылæй цыд мæрдты бæстæм Бетионы рæсугъд, мадзура лæппу. 13 Цæрдхъом лæг уыд Гæбæраты Сардо. Кусын дæр уарзта, фæ- лæ фылдæр зондæй æмæ хæйрæгдзинадæй архайдта. Йæ хъуыд- даг рæстмæ ацыдаид, уый йеддæмæ ницæуыл ауæрста. Ахæм лæг уыди, афтæ кæмæй фæзæгъынц «дуры гуыбынæй дæр, дам, йæ тонайы хай ракæндзæн». Æгæрыстæмæй, давыныл дæр нæ ауæрста. Уартæ-иу Гудзаретмæ дæр ахæццæ. Цы арæзта, уымæн хуыцау йæ зонæг, фæлæ хæдзармæ афтид къухæй никуы ’рцыд... Афтæмæйты чысылгай зæххытæ дæр балхæдта æлдæртæй, фос дæр скодта æмæ астæуфидар хæдзарыл нымад цыд. Куыд хъæздыг кодта, афтæ йæ зондахаст æмæ йæ уаг дæр ивта. Куыд- дæргомау нычъчъынды, схæлæг, йæ сыхæгтæм уæлейæ дæлæмæ кæсын райдыдта. Ныр æм мæгуырдзинад худинаг каст æмæ-иу
йæхицæй арæх феппæлыд. «Мæнæн дæр нæ уыд, фæлæ ссард- тон. Лæг хъуамæ алцæмæ рæхса, алцы зона. Кусын хъæуы, арха- йын, магусатæн хуыцау чъири нæ фæдæтты». Сардойы æфсин Сиукъиан та куыстуарзаг, æгъдауджын сыл- гоймаг уыд. Хъæрмудæй цардысты, фæлæ йæ сæрыхицауы ахæм æнæввæрсон митæ йæ зæрдæмæ нæ цыдысты æмæ-иу сусæгæй хуыцаумæ куывта: мæ иунæг хъæбулы мын рæдау æмæ хæла- рæй фæцæрын кæн а зæххыл. Сардойæн-иу зæгъгæ ницы кодта, уæддæр хæдзары хистæр хуыздæр зоны, кæм цы хъæуы, зæгъгæ. Иу æмбисонд афтæ фæзæгъы: «Лæг йæ царды фæндтæ ны- вæзта, хуыцау та худгæ кодта». Ис уырыссаг æмбисонд дæр - «Человек предполагает, бог располагает». Раст афтæ æрцыд Сар- дойыл дæр. Мæгуыр Сиукъиан аргæ-арын фæзиан, ноггуырд чызг дæр иу мæй ацард, стæй уый дæр амард. Баззад Сардо йе ’хсæзаздзыд лæппу Тегæимæ иунæгæй. Æнæфсин хæдзармæ уæрдонгай куы хæссай, уæддæр æбæр- кад у. Цыфæнды арæхстджын нæлгоймаг дæр æфсины митæ нæ фæкæндзæн æмæ Сардо дæр цъысымы бахауд. Мардæн дæр афæдзæй-афæдзмæ алы стырбон кæндтæ куыннæ хъуыд. Æмæ кæдмæ хъизæмæрттæ кодтаид Сардо. Афæдзы хист куы сарæзта, уæд йæхицæн бинойнаг агурыныл схæцыд, фæлæ не ’мбæлд рæстмæ адæймагыл. Иуахæмы Чъребамæ цыхтытæ ахаста уæймæ. Базарæй рацæу- гæйæ йыл йæ мады ’рвад рамбæлд. Бацин кодтой кæрæдзийыл æмæ лæг ахуыдта Сардойы сæхимæ. Фысымтæм ма уазæг сыл- гоймаджы дæр баййæфта. Рæсугъд ус уыд Дарине, йæ цæсгомæй мидбылхудт нæ цух кодта. Хуымæтæджы дзаумæттæ йыл уыд, фæлæ йæ хæрзконд уæнгтыл хорз фидыдтой, Сардойæн æнæбары йæ цæстытæ сыл- гоймаджы ’рдæм ивæзтысты. Сардо зондджын, хæйрæг лæг уыд - развæлгъау цы хъуыд- дагыл нæ ахъуыды кодтаид, уый никуы арæзта. Сылгоймаг йæ зæрдæмæ бæргæ фæцыд, фæлæ ацы горæттаг сылтыл хæйрæг баууæндæд... Фынгыл куы ’рбадтысты, уæд ныхасы ’хсæнмæ-’хсæнты ра- бæрæг, Дарине дæр идæдз кæй у æмæ йын цыппараздзыд чызг кæй ис. Ницы ской кодта Сардо, фæлæ йæ фыццаг фендæй сыл- гоймаг лæджы зæрдæ æрцахста.
Уыцы хабарæй иу мæй рацыд. Æндæр рæтты дæр ма йын фе- нын кодтой зæрдæмæдзæугæ сылгоймæгты, фæлæ Дарине цæ- мæндæр се ’ппæтæй хуыздæр каст Сардомæ. Æдзух йæ худгæ цæсгом лæууыд йæ цæсты раз. Ацыд Чъребамæ йæ мады ’рвадæлтæм æмæ сын раргом код- та, Даринейы мын куы бацамониккат, зæгъгæ. Фысымтæн сæ зæрдæмæ фæцыд хъуыды, æцæг хæдзары хистæр Соло цыдæр хин худт бакодта æмæ Сардойæн афтæ: - Дардылуынаг цæст дын ис, мæ хæлар! Базыдтай, дæ усаджы фыд дуканигæс кæй уыд цæргæ-цæрæнбонты æмæ уый бынтæ дæр йæ иунæг чызгæн кæй баззайдзысты. Сардо бахудт: - Мæхиуæттæн дæр хицау куынæ ис, цы аразын искæйы капеччытæй. - Ис исы нæ мары, мæ хур. Никуы фехъуыстай «цъус, кæдæм цæуыс æмæ, дам, бирæмæ». Сомихаг Тигран цы фембырд кодта, уыдон - дæуæн. - Хъазын хъазын у, фæлæ кæд уыцы сылгоймаг хæдзарон у, уæд ницы фæзиан кæндзæн мæнæй. Даринейы фыд Тигран дуканигæсæй фæкуыста зæры бонмæ. Йæ иунæг чызг Даринейы радта, йæхæдæг кæй схъомыл кодта, ахæм уæйгæнæг сомихагæн. Цардысты бинонтæ. Фæлæ Тигра- ны сиахсы иу æхсæв абырджытæ амардтой æмæ йын йæ дука- ни дæр фæхастой. Ацы масты фæстæ Даринейы мад Пъело дæр тагъд амард. Баззадысты Дарине, йæ зæронд фыд Тигран æмæ фондзмæйдзыд чызг Къарине. Тигранæн йæ бон дуканийы хъуыддæгтæм кæсын нал уыд. Ауæй кодта дукани æмæ æхца проценттыл лæвæрдта хæс. Уы- мæй дæр дзæвгар пайдайыл. Соло Тигранæн Сардойы фæнд загъта. Зæронд лæгæн йæ чыз- джы хъæутæм раттын къух нæ лæвæрдта, фæлæ кæд Дарине йæхæдæг разы уыд, уæд фыд уæлдай ницы загътаид. Дарине дæр фыццаг бадиссæгтæ кодта, уый цытæ дзурут, æз мой нал скæндзынæн, иу хатт мæ амонд басыгъд æмæ мын фаг у, æмæ ахæмтæ... Фæлæ уыйхыгъд Сардомæ ахæм фæлмæнтæ, ахæм химæлвасæг цæстæнгас дардта, æмæ лæг йæхи цы фæкодтаид, уый нал зыдта.
Иу цыдæн нæ рауад хъуыддаг. Дарине базаргæнæджы чызг уыд - йæхи сæрæн дæр зыдта аргъ кæнын æмæ уавæрæн дæр... Сардо йæ уæгъд кæй нал суадздзæн, уый хатыд Дарине. Фæстæмæ-фæстæмæ уымæн хæцыд хъуыддагыл, цæмæй лæг æмбæрстаид, лæгъстиаг мын кæй у. Цæмæй Дарине ныридæгæн йæ сомбоны сæрыхицауы рохтыл æрхæцыдаид... Æрцыд Дарине йæ чысыл чызгимæ Сиукъианы цæттæ хæ- дзармæ æмæ, раст зæгъгæйæ, æвзæр æфсин нæ расгуыхт. Сыгъ- дæгдзинад, алцæмæн æгъдау æмæ бынат уарзаг ус уыд. Æвзагæй дæр тынг арæхст æмæ, мæгуыр Сиукъианмæ абаргæйæ, Сардо Даринейы бирæ уæлдæр æвæрдта. Сиукъианы-иу никуы ницæ- мæй фарста - сылгоймаг та, дам, хæдзары куыстыты йеддæмæ цы ’мбары. Ныр Даринейы æнæбафæрсгæ ницыуал арæзта. Базаргæнæджы хъомыл сылгоймаг судзинæй теман ласта æмæ Сардойы дæр æндæр цы хъуыд. Бонæй-бонмæ сæ хъуыд- дæгтæ размæ цыдысты. Кæрæдзи дæр цыма тынг уарзтой, афтæ зынд. Дарине «æнæ дæ низтæ» йæ лæгмæ не сдзырдтаид, фæлæ- иу дзы мæй иу хатт дыууæ-æртæ боны йæхи дæр акуырдта, Чъребамæ, дам, мæ ныккæн, мæ фыдмæ, зæгъ, базилон... Сардо дæр-иу æй уæззау хуынимæ ныккодта, йæхæдæг-иу уыцы бон фæстæмæ фездæхт, хæдзары хицау хъæуы, зæгъгæ. Дарине-иу Чъребайæ куы ’рбаздæхт, уæд бинонтыл афтæ узæлыд, афтæ сыл-иу бацин кодта, цыма уыцы дыууæ бон æмæ æхсæвы йæ хæзгулимæ нæ, фæлæ кæмдæр ахст уыд æмæ сæм йæ уд скъуыдта. Худгæ-райгæ цырд зылд къуымты, ныллæг хъæ- лæсæй заргæ ми кодта æмæ Сардойæн дæр йæ зæрдæ куыд нæ бахъæлдзæг уыдаид. Æрмæст-иу Тегæйы тар цæсгомыл йæ цæст куы схæцыд, уæд-иу фыды циныл цыма исчи уазал дон ауагъта... Йæ фыццаг фендæй нæ бауарзта лæппу йæ дыккаг мады, нæ йæм æртасыд йæ зæрдæ. Дарине йæхи чызгæй не ’взæрста лæппуйы, рæвдыдта йæ, батæ йын кодта... Фæлæ нæй, нæ дзы цыд мады тæф... Мæлгъæвзаг Дарине цытæ не схуыдтаид Тегæйы, уæдæ «мæ сауцæст уæрыкк», «мæ къукъла лæппу» æмæ цæмæй зонын... Сиукъиан та-иу æнæисты зæгъгæ систа йæ лæппуйы йæ къухмæ, йæ риумæ-иу æй балхъывта æмæ куыд фæлмæн, куыд хъарм уыд мады риу... Æхсыры, дзулы æмæ ноджы зæрдæйæн цæйдæр æхцон тæф кодтой йæ дзаумæттæ... Æмæ-иу куыднал фæндыд лæппуйы мады хъæбысæй зæхмæ... Дарине... Даринейæ та æрмæст духийы тæф цыд лæппуйыл.
Иннæахæм та Даринейы чысыл чызг Къарине уыд йæ уды уæнгæл Тегæйæн. Цыдæр табиц хаста чызгмæ. Афтæмæй та уы- цы мæлинаг афтæ рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ сывæллон уыд, - знаг дæр æм нæ фæлæууыдаид. Урсцъар. хæрзхуыз цæсгомыл даргъ, уæлæмæ къæдз цæстыхауты ’хсæнтæй хуры æрттывд кодтой сау-сауид цæстытæ. Йæ сырх-сырхид рæсугъд былтæ- иу размæ рацъупп кодта æмæ йын ма аба кодтаис, уый гæнæн нæ уыд. Стæй йæ Дарине дæр сыгъдæг, хæрзкондæй æрвыста, йæ къæбæлдзыг сæрыхъуынтыл ын-иу урс лентæ бакодта æмæ уæртæ гæлæбу пæр-пæр кæны къуымты. Сардойы зæрдæ дæр-иу бахъазыд æмæ-иу ыл баузæлыд. Уæд- иу Тегæйы цæсгом тар адардта, йæ цæстытæ-иу донæй айдзаг сты. Фыд хатыд лæппуйы зæрдæйы уаг, фæлæ йæ уыйас ницæ- мæ дардта, нырма ницы æмбары, сырæздзæн æмæ бамбардзæн, æвзæрæй кæй ничи ницы кæны, зæгъгæ. Раст зæгъгæйæ, Дарине лæппумæ хорз зылд, æхсад, хæрд, рæвдыдцух æй нæ уагъта. Фæлæ нæй, ныддур сывæллоны зæр- дæ, никæцæй йæм хъардта йæ дыккаг мады рæвдыд. Афæдз рацыд, æмæ Даринейæн йæхицæн райгуырд лæппу. Сардойы цинæн кæрон нæ уыд - дыууæ фырты хицау баци. Ныр бинонтæ сæ хъус æнæхъæнæй дæр адардтой, авдæны цы сау-са- уид гыццыл бæгъ-бæгъ кодта, уымæ. Ацы хабар ноджы тынгдæр амардта сидзæр лæппуйы зæрдæ. Дарине æмæ Сардо се ’ртæ сывæллонмæ дæр бæргæ æмхуызон цæстæй кастысты, фæлæ сывæллæттæ уæддæр æндæр æмæ æндæр зонд æмæ зæрдæйы хъæд рахастой. Ноггуырдыл Сурен сæвæрдтой, цæмæндæр ацы ном Дари- нейы зæрдæмæ тынг цыд. Сардо уæлдай ницы загъта, ном та цы дзырддаг у сывæллон сырæзæд, уый йеддæмæ йыл фæнды куы- дзы ном сæвæр. Сыхæгты устытæ фæсвæд, хъазгæйæ, дзырд- той, сæ лæппу æгæр сомихаджы хуызæн у сомихаг ном дæр, дам, ыл кæд уымæн сæвæрдтой. Мах гæдыныхасæй хуыцау бахизæд, фæлæ фæзæгъынц афтæ: ахæм хынджылæг ныхас, дам, дæлдæр фæуæд, йе ’рдæг, дам, æцæг кæцыйæн нæ уа... Афтæ уыд æви уфтæ, бинонтæ иу фæфылдæр сты, сæ хæдзарон митæ дæр фæбирæ сты, æрбацæуæг-ацæуæгæн дзуапп дæттын хъуыд, æмæ Сардо сразы Даринейы фæндоныл, цæмæй Чъребайæ йæ дæрддаг хицо- ны сидзæр чызджы цъус рæстæгмæ ракодтаиккой æмæ æфсины къух фæрæуæгдæр кодтаид.
Шушана - цыппæрдæс-фынддæсаздзыд чызг, алцæмæ - æв- зыгъд, арæхстджын æмæ цырд. Сывæллæттæм дæр йæ хъус дард- та æмæ Даринейæн дæр бирæ фæрогдæр кодта йæ куыстытæ. Дарине райгонд уыд, уæд Сардо ноджы хуыздæр хатыд йæхи. Æрмæст чысыл Тегæйы хабар уыд катайаг - æмгæрон никæмæ- уал цыд, кæд ма-иу йæ фыды цур йæ зæрдæ райхæлд, кæд нæ, уæд ацы горæттаг адæмы ’хсæн йæхи бынтон иунæг хатыд. Сардо фылдæр æддæ уыд, кæм фосы дзугмæ хъус дардта, кæм хойрæгтæ уæймæ ласта æмæ хæдзар Даринейы бæрны уыд. Ныр иугæр лæппуйы хицау баци æмæ йын бынтæ аразын кæй хъуыд, уый хорз æмбæрста хæйрæг сылгоймаг. Гъемæ-иу базарæй Сар- до дзыппыдзаг æхца куы ’рхаста, уæд-иу ын ус зæндтæ амыдта: - Æхцаты ардæм æри, æхца та æхца куынæ рамбула, уæд ни- цы пайда у. Дæлæ сæ мæ фыдмæ ныххæсдзынæн æмæ сæ уый проценттыл ратдзæн. Ацы туман мæйы кæрон иу сом фæфыл- дæр уыдзæн æмæ афæдзы кæрон æнæбафæллайгæ дзæвгар ба- уыдзысты нæ капеччытæ. Сардо зыдта, циу проценттыл æхца дæттын. Дуканигæсæй æхца хæс куы райсай, уæд, бадзырдмæ гæсгæ, алы туманæн иу уа æви дыууæ сомы хъуамæ уæлæмхас бафидай. Даринейы фыд Тигран дукани куы ауæй кодта, уæдæй фæстæмæ йе ’хцайы про- центтæй цæры. Ныр та йе сиахсы ’хцатæ дæр ауагъта пайдайы фæндагыл æмæ Сардо дæр æхцаджын лæг сси. Хъæуы искæй æхца бахъуыд, уæд Сардойæ хæс ракурын ничи- уал уæндыд: йæ сомихаг ус, дам, сæ дывæрæй домы. Фæлтау-иу æлдарæй райстаиккой. Дарине сыхы сылгоймæгтæн уæддæр йæхи^уарзын кодта. Горæттаг ус уæвгæйæ сыл былысчъилтæ нæ код'№, семæ аныхас кæнын дæр зыдта. Сæ зæрдæ сын цæмæй балхæдтаид, уымæ дæр арæхст. Чифæнды сæм бауадаид истæмæ, æнæ цай бацымгæ йæ нæ рауагътаид, йæ къух дæр ын сарæзтаид. Уый æддейæ ма-иу йæ мæлгъæвзаг ауагъта, истæмæй-иу дзы раппæлыд: «куыд даргъ дзыккутæ дын ис», кæнæ, «дæ урс-урсид дæндæгтæм кæсынæй не ’фсæдын», æмæ афтæ алкæмæн дæр лæгъз ныхасæй йæ зæр- дæ æлхæдта. Уыйхыгъд афтæ дæлзæхты бырæг уыд, æмæ уыцы былдауæн ныхæстæй пайда агуырдта йæхицæн. Раппæлыди дæ, уæд æй зон, исты йын хъуамæ бами кæнай кæнæ йын къуымбилтæ ныхс,
кæнæ йын хъæццул барæтау. Йæ хæйрæгдзинад ын-иу чи базыдта æмæ-иу дзы йæхи дард чи ласта, уый та-иу иннæ сыхæгты цæсты бафтыдта. Ацы хабар дæр арæзта арæхстгай, æнæфæфиппайгæ, цæмæй-иу дыууæ сыхаджы кæрæдзимæ сызнаг уыдаиккой, йæ- хæдæг та сæ иуимæ дæр хæлары хуызы баззад, иннæимæ дæр. Иуæй иннæмæ æвзаг ахæм хуызы бахастаид, йæхи æрымыс- гæ тугтæ афтæ биноныгæй дзырдтаид, цыма йæ кæддæр кæмæй- дæр æрыхъуыста. Йæхи дæр нæ уырны, фæлæ уæддæр бацы- мыдис кодта æмæ йæ уымæн ской кодта, æндæр кæй цæмæн хъæуынц, æппындæр зæрдæмæ хæссинаг не сты. Ахæмтыл дзу- рын дæр худинаг у, зæгъгæ. Æмæ-иу адæймаг ноджы тынгдæр сцыбæл. Хинæйдзаг сылгоймаг йæ лæджы лæппумæ дæр йæхи æвзæр нæ дардта - ’взагæй мыд тагъд, зæрдæ та - хин æмæ кæлæнæй йемыдзаг. Сывæллон, дам, зæрдæ зоны, фæзæгъы ирон æмбисонд. Тегæ- йы зæрдæ дæр уымæн не ’ртасыд, æвæццæгæн, йæ дыккаг мадмæ. Куыд рæзт, афтæ тынгдæр æнкъардта, куыд стыр хицæндзинад уыд йæ ныййарæг мад æмæ дыккаг мады ’хсæн. Алцæмæ ды- зæрдыджы цæстæй каст æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ хæттыты фæфиппайдта, Дарине йæхи чызгæн хуыздæр хай куыд лæвæрдта хæринагæй, кæнæ-иу аивæй исты адджинаг куыд рад- та Къаринейæн. Афтæ чысылгай лæппуйæн йæ зæрдæ хъæбæр кодта канд Даринемæ нæ, фæлæ йæ фыдмæ дæр. Сардо æмæ Парса иу сыхы цардысты æмæ-иу Тегæ фылдæр Таймураз æмæ Еваимæ хъазыд. Ева сæ чысыл хистæр уыд, æнæ- уи дæр барон уыд æмæ алкæимæ дæр фидыдта. Тегæ та куыд- фæстагмæ щ^æ сфыдуаг и æмæ сыхы сывæллæттимæ чысыл ницæуыл дæр хылкъахæн кодта. Арæх-иу бацыд хæдзармæ йæ фындзæй тугкалгæ, сыхы лæппутæ-иу ыл куы равварс сты, уæд ма йын-иу иунæг Ева уыд æххуысгæнæг. Дарине-иу ын йæ тугæйдзаг дзаумæттæ раивта, чи-иу æй фæ- надта, уыдонæн-иу æлгъыстытæ арвыста, йæхицæн та-иу уæззау уайдзæф: - Дæхи кæрты хъаз мæнæ дæ хоимæ, цæмæн сæм хауыс, сæ удхæссæг дæ куы уынынц. «Дæуæн дæр дæ удхæссæг дæн, зонын æй, зонын æй...» - дзырдтой лæппуйы цæстытæ.
Фæбадтис-иу æрфыгæлхынцъæй искуы къуымты, стæй та-иу, фæстæмæ Таймуразтæм ахъуызыд. - Æз афтæ скъуыдтæ æмæ тугæйдзæгтæ хæдонимæ куы бацæуин мæ мадмæ, уæд мæ ног хæдон нæ, фæлæ дзæбæх над фæуыдаид, - загъта иу хатт Тегæйæн Таймураз, ног дзаумæтты та куы балæууыд сæ кæрты, уæд. Тегæ ницы загъта, зæхмæ ныккаст. Куыд бамбарын кодтаид йæ карæн сывæллонæн, уымæн та гыццийы над зынаргъдæр кæй уыд ацы ног хæдонæй... Стæй скаст Таймуразмæ æмæ Даринейы ныхæстæ йæ хъустыл ауадысты: «Цæмæн сæм хауыс, сæ удхæссæг дæ куы уынынц...» «Цæмæн уæ удхæссæг дæн, цæмæн»... рыст лæппуйы зæрдæ. Уæдмæ Ева рахызт кæртмæ; Тегæйы ног хæдоны куы ауыдта, уæд йæ цæсгом барухс, цингæнгæ бахудт лæппумæ. - Цæй икъа-икъайæ ахъазæм, - загъта лæппутæн. - Уый та цы лæппуйы хъазт у, - сджидзæг дзы кодта Таймураз. «Æрмæст мæ Ева уарзы, æндæр ничи... Баба... Уый дæр Сурены фылдæр уарзы мæнæй...» - Æз ахъаздзынæн демæ, - æвиппайдæй сразы Тегæ... Изæры æхсæвæрыл Дарине Сардомæ арæхстгай баппæрста ныхас: - Уыцы лæппу та нæма зыны, хæргæ дæр рæстмæ нал кæны. Нæмгæ йæ ма фæкæн, тæригъæд у, фæлæ йын исты зæгъ. Лæппу фыдæй хъуамæ аргъуц кæна. Уыцы тæккæ Тегæ дæр æрбахызт къæсæрæй. - Кæм дæ ацафонмæ?!.. - æгæр тызмæг хъæлæсæй йын фæци Сардойæн. Тегæ дисгæнгæ бакаст фыды цæсгоммæ. «Нал, нал мæ уарзы... Кæд ма мыл хъæртæ кодта...» - Никуы... - æрæджиау тызмæгæй загъта Тегæ дæр. - Ма рахау-бахау кæн æнафоны! Сбад æмæ бахæр, - йæ хъæ- лæс фæфæлмæн кæныныл ацархайдта фыд, фæлæ уыцы уазал зæл уæддæр айхъуыст йæ ныхасы. - Нæ мæ хъæуы, - мæстæй та загъта лæппу æмæ йæ уатмæ ацыд. - Ныр амæ кæс! - фæхъæр ыл кодта фыд. - Уæд дын æз амæлон, ды ма исты куы зæгъай. Æз ын бахæ- рын кæндзынæн, - хъæрæй загъта Дарине, цæмæй йæ Тегæ дæр фехъуыстаид...
«Ницæмæн мæ хъæуы уæ кæрдзын... ницæмæн...», Йæ цæссыг- тæ лæдæрстысты лæппуйæн. Фæсахсæвæрты рухс ахуыссыд хæдзары. Шушана арæхстгай уатæй, бæгъæмвадæй хъуызгæ бацыд скъапмæ, хæбизджыны æрдæг райста æмæ йæ Тегæмæ бахаста. - Тегæ, мæнæ дын хæбизджын, бахæр, дæ низтæ, бахæр. Лæппу хъыпп-сыпп нæ кодта. Чызг ын йæ къухтæй йæ цæсгом ацагуырдта. Баз русы цур хуылыдзæй лæууыд. Йæ зæрдæ суын- гæг, апъа кодта лæппуйы русæн æмæ фæстæмæ рацыд. 14 - Уæдæ, дæумæ гæсгæ, уый дзæбæх цыдæр куы у... Æввонгæй дын зæхх, фос радтæд исчи, æндæр ма цы гуыбынниз хъæуы ма- гусайы, - дисгæнгæ загъта Сардо æмæ куы Бетъремæ каст, куы - Гогламæ. - Афтæ у, мæ хур, революци афтæ амоны: мæгуыртæн, дам, зæхх, сæрибардзинад раттын хъæуы, уыдон, дам, æлдæрттæй цæмæй дæлдæр сты, - хынджылæджы хуызы дзырдта Гогла. - Сæ бинонты быныскъуыд сын фенæнт, æз мæ цæрæнбонты уымæн фæфыдæбон кодтон æмæ ныр мæ тугвæллой Хытъыры хуызæн магуса, æххормаггуыбынтæн байуарон? - йæ маст нал урæдта Сардо. - Ды сæ нæ байуардзынæ, мæ лымæн, фæлæ сæ уыцы револю- ци у, цавæр хæйрæг у, уый сæ байуардзæн, - уынæргъгæ бакодта Бетъре. - Æмæ афтæ уаргæйæ кæд у, уæд дзы махæн дæр радтæнт, исгæ нæ цæмæн кæны? - загъта Сардо. - Æмæ уæд кæй уæтты хъуамæ байуарой? Хытъыры хуызæн мæгуыртæй цы байсдзысты? Мæнæй, дæуæй, Уасилæй байсдзы- сты. Ис нын æмæ сæ байсдзысты! - Абон мын хъæуыхицау Гора фынгыл афтæ, æгæр æвзæр хабæрттæ, дам, хъуысы Уæрæсейæ. Революци, дам, махмæ дæр æрбанхъæвзы. Рауадз æй, зæгъын, цы нæ тæрсын кæныс, ба- хæрдзæн нæ æви цы? Бахудт æмæ мын афтæ, дæхицæй, дам, дын цы аразы, фæлæ дын дæ мулкæй акомдзæгтæ кæндзæн, - загъта Уасил.
- Мæ хъустыл æрцыд, нæ хъæуы хъуымызбылтæ цæйдæр сусæг æмбырдтæ аразынц æмæ адæмы нæ ныхмæ ардауынц, - загъта та Бетъре. - Уæдæ нал хъазынц æмæ мах дæр исты æрымысын хъæуы, - хъуыдыгæнгæ бакодта Сардо. Бредзайы хъæздгуытæ бирæ нæ уыд - фондз хæдзары æгасæй, фæлæ зæххыты фылдæр хай сæ къухы уыд. Мæгуыртæ, цæмæй сæ бинонты фæдардтаиккой, уый тыххæй хъæздгуыты зæххытæ куыстой бадзырдмæ гæсгæ, æмæ сын сæ фыдæбонæн тыллæ- джы цыппæрæм хай лæвæрдтой. Хъæуы хъæздгуытæ иууыл кæрæдзимæ быцæу кодтой. Фæлæ сæрбахъуыды рæстæджы та кæрæдзийы ’вварс хæцыдысты. Мулк, зæхх фыдæй кæмæн баззад, æлдары ном сæ чи хаста, уы- дон сæхи уæздан дардтой. Фæлæ Сардойау гæппæлгай чи фел- хæдта зæххытæ, хин æмæ кæлæнæй чи схъæздыг, уыдон зыд уы- дысты æмæ æгъатырæй дæр хæцыдысты мæгуырты хурхыл. Æлдæрттæ Гогла æмæ Дата сæ зæххыты æрдæгыл лæвæрдтой бакусынæн. Сардо æмæ сæ Уасил та цыппæрæм хайыл лæвæрд- той. Сардо ма йæ ус Даринейы фæрцы æхцайæ æхца бакусын дæр фæцайдагъ æмæ йæ мидзæрды йæхи Гоглайæ дæлдæр нæ уагъ- та. Йæ зæрды горæты дукани балхæнын дæр уыд. «Ныр лæппу фестыр. Фынддæсаздзыд у. Ныккæндзынæн æй Тигранмæ, искæйы дуканийы цумайы лæппуйæ куы бакуса, уæддæр базар кæнын сахуыр уыдзæни, стæй цы хъæуы, уыдон балхæндзынæн æмæ лæппу горæты кусдзæн, æз та - хъæуы. Æхца дæр мæм уыдонæй фылдæр æфтдзæн æмæ фос дæр», - хъуы- ды кодта Сардо, фæлæ æххæст афтæ нæ рауадысты йæ фæндтæ. Тегæйы Тигранмæ бæргæ ныккодта, фæдзæхсгæ дæр æй бакод- та, зæронд лæгмæ хъус, цы дын амона, уый дæ зæрдыл бадар, зæгъгæ, фæлæ лæппу уыцы иу æхсæв дæр тыхæй сбон кодта Тигранмæ. Райсом ныххафта æмæ йæ тъæпп хъæуы фæцыд. Æмæ фыццаг æргом хыл фыд æмæ фырты ’хсæн уæд рауад. Сардо би- рæ уарзта йæ хистæр лæппуйы, алцыдæр ын уымæн барста, фæ- лæ ацы хатт йæхи бауромын йæ бон нал баци æмæ йæ ныдз- дзæхст кодта. Æнæуыйдæр уæлæхох уыд Тегæ бинонтыл - хæ- дзарæй алыгъд æмæ агуринаг фæци. Иу къуыри лæппу никуы зынд. Фыдæн фырмæтæй йæ зæрдæ фæцæйтыдта. Стæй йæ фыййæуттæй иу æрхаста сæрвæтæй ха- бар: лæппу махмæ ис æмæ йын ма тæрс, зæгъгæ.
Тегæ æнæхъæн сæрд фыййæуттимæ арвыста. Куы фæуа- зæлттæ, уæд æм Сардо ссыд, цыма се ’хсæн æппындæр ницы æрцыд, йæхи афтæ равдыста æмæ лæппуйы хæдзармæ ракодта. Хæдзар уæддæр нал æруарзта Тегæ, фынæй афонмæ-иу куы кæм уыд, куы - кæм. Сардойы уæддæр ныфс уыд, абон уа, сом уа, йæ зонд æрцахсдзæн, æрæмбардзæн, зæгъгæ, æмæ йæ йæхи бар ауагъта. Уæдмæ революцион змæлдтытæ райдыдтой. Хъæздгуытæн се ’нцойад фехæлд, сæ исбонæн фæтарстысты. Ацы тас сæ бал- бирæгътау æрбатыгуыр кодта æмæ иумæ райдыдтой архайын... Сусæг партион æмæ фæскомцæдисон чырты куыст та уый- бæрц сусæг нæ уыд æмæ хъæздгуытæн сæхицæн куыд хуыздæр уыдаид, ууыл архайдтой. Иу хатт сын Гогла загъта: - Уыцы революционертæн сæ раздзогты куы фæцæгъдик- кам, уæд иннæтæ фæтæрсиккой, æмæ цалынмæ се ’муд æрцæуой, уæдмæ та исты æрхъуыды кæндзыстæм. Гогла ахуыр лæг уыд, хорз æмбæрста, иу дыууæ лæджы мæлæтæй революцион змæлд кæй нæ бауромдзысты, фæлæ хуыздæр цы сарæзтаид, уымæн ницы æмбæрста. - Æмæ сæ куыд дæ зæрды фæцæгъдын ис, Гогла? Цæмæй базонæм, кæй дзы хъæуы марын, стæй лæг марын дæр афтæ æнцон хъуыддаг кæм у? - хъуыдыгæнгæ бафарста Сардо. - Сардо, ууыл æз бирæ фæхъуыды кодтон. Кæйдæрты дзы ба- зыдтон уыцы къорды уæнгтæй. Парсаты Таймураз дæр, дам, сæ сæрбос у. Тегæ ’хсæвæй-бонæй йемæ куы вæййы. Бацырд æй кæн, цæмæй йæ айсой сæ къордмæ. Иугæр æй куы айсой æмæ йыл куы баууæндой, уæд цы хъæуы аразын, уый йын бацамондзыстæм... - Тегæ мын афтæ коммæгæс куы уаид, уæд мын циу. Йæхи куы- нæ фæнда, уæд хæдзар судзы, къусы дзаг дон ыл нæ бакалдзæн. - Æрæууæндын æй кæн, йæ фыд куы дæ. Усгур лæппу у æмæ йæ цы хуызæнæй æрвитыс адæмы ’хсæн. Рæсугъд æй сфæлындз, бæх ын радт, дамбаца йын балхæн. Стæй уæд фендзынæ, кæд дæм нæ байхъуса. - Дамбаца? - фæтарст Сардо. - Æгæр раджы йын у нырма, ни- цы сарæхсдзæн æмæ... - Уый мæт ма кæн, сарæхсдзæн. Мæ лæппуйы куы айсиккой, уæд бæргæ хорз уаид, фæлæ æлдары лæппуйыл чи баууæнддзæн.
Дæ лæппу та Таймуразимæ схъомыл, кæрæдзи уарзынц æмæ йыл ничи фæдызæрдыг уыдзæн, уымæй дæр зонынц, йæ дыккаг мадимæ хъæрмуд кæй нæу æмæ ацы хабар дæр хъуыддагæн пай- да у: зæгъдзысты йæ бинонтимæ нæ фидауы æмæ йын махимæ хуыздæр у - Йæ дыккаг мадæй никуы хъаст кæны, ницы дæр æй хъæстаг ис, - нæ фæцыд Сардойы зæрдæмæ Уасилы ныхас. - Афтæ, Сардо, бацархай, кæд дзы исты рауайа, уæд хорз, кæд нæ, уæддæр исты рымысдзыстæм, - загъта Гогла æмæ ууыл фе- сты сæ ныхас. Бирæ рæстæг нæ рацыд ацы хабары фæстæ. Сардо Тегæйæн Чъребайæ ног дарæс схаста, ног цырыхъхъытæ. - Тегæ, мæ лæппу ныр чысыл нал дæ, дæхимæ æркæс æмæ мæ кой дæр бакæн. Уыныс, зæронд кæнын, ацы астæуниз мæ бах- сыдта, алцæуыл нал æххæссын. Дæуæн та дæ бон у никæмæй дæлдæр дæ æмæ дæ хæдзармæ дæ хъус æрдар. Ацу сом мæ бæсты сæрвæттæм, цæхх сын схæсс бæхыл. Ныр сырх байраг бадынæн бæздзæни, дæхицæн æй ракæн, ацы зæронды уым ныууадз. Тегæ нырма фæдис, стæй, хъуыддаг йæхи пайдайæн у уый куы бамбæрста, уæд ницы загъта: «Ам сымахмæ кæсыны бæсты сæрвæтты хуыздæр у», - ахъуы- ды кодта, æмæ райсом раджы афардæг. Иу къуырийы фæстæ æрцыд, байраг дæр æркодта Кæд аразгæ ницы скодта, уæддæр дзы фыд фæбузныг: - Афтæ хъæуы, мæ лæппу дæ фосмæ дæхæдæг куынæ дарай дæ хъус, уæд чи дæ мæт кæны: алчи йæхирдæм тона кæны. Куыд у фыййæуттæ кæд ницæмæ æрвыстой, мыййаг? - Ницæмæ. Уымæй дыууæ боны куы рацыд, уæд та йæ Чъребамæ арвыста. - Сæкæр æмæ сапæттæ схæсс, Тегæ, а мæнæ дын æхца. Лæппу та йæ бæхыл сбадт æмæ изæрмæ фæстæмæ сыздæхт. Цы йын загътой, уыдон балхæдта, æмæ ма йе ’хцатæй цы баззад, уый йæ фыдмæ лæвæрдта. Фыд сæ нæ бакуымдта: - Уадз сæ дæхимæ, ныр лæг дæ, уæд та дæ цæмæн бахъуыды- сты, мæнмæ тæхдзынæ... Афтæ сындæггай фыд йæ фырты ’рæууæндын кодта, фæлæ лæппуйы цыдæр дызæрдыггаг хъуыды æнцой нæ уагъта: кæй уыдзысты утæппæт фæллæйттæ?.. Мæн æви Сурены?..
Сардо цыма йæ зæрдæйы бадт, афтæ æмбæрста йæ фырты хъуыдытæ æмæ цалдæр хатты ракой кодта: - Хистæр зæнæг ды дæ; мæ рахиз цонг дæр хъуамæ ды уай. Æз ма мæнæ абонæй соммæ дæн, стæй дæ хъару æмæ дæхæдæг. - Йæхи-иу бамæгуыртæ кодта Сардо æмæ Тегæ дæр йæхиуыл схæ- цыд, бæрндзинад банкъардта йæ хæдзары раз... - Тегæ, де ’рдхорд Таймураз, дам, цæйдæр революцион чыры уæнг куы у, уæд ды цæуылнæ бацæуыс уыцы чырмæ? - бафарста иухатт Сардо Тегæйы. - Революцион чырмæ мæ хуызæтты нæ исынц, уырдæм мæ- гуырты исынц. Стæй дæр мæ цæмæн бахъуыд? - загъта Тегæ. - Байхъус-ма, лæппу, æнæмæнгæй хъуамæ афтæ бакæнай, æмæ дæ куыд айсой. Хъæугæ та дæ уымæн бакодта, æмæ кæд уыцы революци у æви холера, фæуæлахиз уа, уæд ды се ’мкусæг уы- дзынæ æмæ мын мæ мулк нал байсдзысты, бамбæрстай? - Байсдзысты... - æнæуæндонæй загъта Тегæ. - Ды уыдонимæ куы уай, уый пайдайы йеддæмæ зиан нæ уы- дзæн... Уый фæстæ ма ноджы иуцалдæр хатты бацырд кодта Сардо Тегæйы. Иуизæр Таймуразыл куы фембæлд Тегæ, уæд ын æркой кодта: - Таму, куы мæ айсиккат уæ къордмæ. - Уый тыххæй мæхæдæг дæр хъуыды кодтон, Тегæ. Фæлæ дæм мæ ныфс нæ бахастон. Зæгъын, афтæ мæ куы бамбарай, мæ фы- ды ныхмæ мæ ардауы. - Мæ фыдæн кæд исты байсинаг ис, уæд ын æз цы баххуыс кæндзынæн. Æнæуыйдæр, мæ фыды исбон мæнмæ никæцæй хауы, уыдонæн мæнæй æввахсдæр хицау фæзынд, - ахæм хуызы загъта лæппу æмæ Таму бамбæрста, йæ зæрдæ кæй нæ райы йæ фыды хæдзары. - Хорз, Тегæ, бацархайдзынæн, - загъта йын Таму. Тегæйы ахаст йæ фыд, йæ бинонтимæ иууылдæр зыдтой. Хъæ- уæй цы бамбæхсдзынæ, æмæ йæ ныхмæ уадиссаг ничи ницы загъта. Æрмæст Алан фæдызæрдыг - цыфæнды фестæд, уæддæр фыд капиталист уа, фырт та революционер - уый мæ куыддæр нæ уырны, зæгъгæ, фæлæ ничи рахæцыд Аланы фарс æмæ уый дæр ныхъхъус.
Тегæ йæ фыццаг бонæй фæстæмæ афтæ иузæрдионæй рав- дыста йæхи æмæ ничи фæдызæрдыг уыдаид. Цыфæнды хæс- лæвæрд дæр рæстæгыл æмæ æнæуæлдай сыбыртт æххæст кодта. Йе ’мбæлттимæ-иу куы уыд, уæд æй сыгъдæг зæрдæйæ уырныд- та сæ тохы мидис, раст æм каст æмæ æнæдызæрдыгæй се ’вварс уыд. Йæ фыды цур та дыууæ арты ’хсæн бахауæгау йæхицæн ницыуал æмбæрста: æдзух йæ зæрдыл лæууыдысты фыды ны- хæстæ: «Æз мæ хидкалгæ куыстон - дæуæн цы бынтæ скодтон, уыдон мын иууыл байсдзысты æмæ иннæтау гæвзыккæй цæр- дзыстæм». Æмæ-иу йæ цæст ахаста сæ фосы дзугтыл, сæ зæххытыл, сæ бæркадджын хæдзарыл... «Нæй, уый гæнæн нæй, æцæгдæр сын цы бар ис, цæмæн хъуа- мæ байсой мæ фыды исбон, цæмæн? Исты сæ мæ фыд дæр ис- кæмæй байста?..» Æнæхъæн афæдз лæппу афтæ дыууæ цардæй царди: Йæ тохы æмбæлттимæ уыдон хъуыддæгтыл иузæрдионæй, йæ хæдзары та фыды уацары уыд. Цас хуыздæр базыдта йæ фыды æвæрæнтæ, уыйас ирддæрæй бамбæрста, куыд æвæджиау бирæ мулк фесафдзысты, революци куы фæуæлахиз уа, уæд æмæ-иу тæраз фыдырдæм ауæз кодта. Ныр алцыдæр зыдта, чи у революцион къорды раздзог, цал сты, кæимæ сын цы бастдзинад ис æмæ алцыдæр йæ фыдæн радзырдта. Фыд та Гоглаитимæ бауынаффæтæ кодта хъуыдда- гыл... Æмæ Тегæйæн бахæс кодтой, цæмæй Таймураз æмæ Ир- беджы фæндагæй аиуварс кæна. Куыд, цы хуызы, уый дæр ын бацамыдтой... Къуырийæ фылдæр фæтох кодта лæппу йæ зæрдæимæ. Йæ хуыссæг фæлыгъд, йæ хуыз фæцыд... Дыууæ-æртæ хатты йын ахæм дзæбæх фадат фæци Таймуразы амарынæн æмæ хæйрæг дæр нæ базыдтаид марæджы. Фæлæ нæй, нæ бакоммæ каст зæр- дæ. Дамбацайы хъæдыл-иу куы ныххæцыд, уæд-иу туг афтæ ныссæххæтт кодта тугдадзинты, æмæ-иу къухы æнгуылдзтæ цъæх арт суагътой. Уыцы æнамонд æхсæв та йæхиимæ тохы фæллад лæппу аф- тæ знæт, мæстджын уыд æмæ тæхуды кодта, æтт, исчи мæ хыл куы ракъахид æмæ мæ ахъаззаг куы ныссæпъæн кæнид, кæд сулаефин, зæгъгæ.
Бон ыл рафт-бафтæй баизæр. Æмбырдмæ нæ ацыд. Йæ хъус- тæ гуыз-гуыз кодтой: «Ахсæв, ахсæв хъуамæ сæ дыууæйы дæр амарон!..» Талынджы бæх сифтыгъта æмæ ацыд... Зыдта йæ, ахсæв Таймураз Агарамæ пакет хæсдзæн. Ирбег та Хашурмæ хъуамæ ацæуа. Центрæй æрцæугæ лæгыл æмбæлдзæн. Бердзенаулийы сæндæтты цур Тамуйы раз бабаддзæн, стæй уымæй куы фервæза, уæд Хашуры фæндагмæ бахиздзæн. Осиау- рийы хъæд тæккæдæр Хашурмæ бацæуæны ис, уым æрæмбæхс- дзæн. Кæд дæлæмæ цæугæйæ нæ бафта къухы, уæддæр фæстæ- мæ цæугæйæ кæдæм ирвæздзæн. Фæлæ иууыл афтæ дæр нæ рауад хъуыддаг... Бердзенаулийы сæндæтты цур къутæрджыны фæндагмæ дæрд- дзæф бабаста бæх. Йæхæдæг фæндаджы былгæрон уагълыйы стыр къутæры бын дæлгоммæ æрхуыссыд æмæ йæ хъус адард- та. Æхсæв уыд æгуыппæг, уынæр никæцæй хъуыст. Иурæстæджы йæм дыууæ уæрдонджыны разынд. Тегæйæн йæ зæрдæ ауазал- гонд: «Уæд та адонимæ баиу...» Уæрдæттæ фæзилæнæй ахызты- сты. Сæ фæндаг ауылты нæ уыд... Мæй скаст æмæ бæрæгæй разындысты бæлæстæ, къутæртæ, фæндаг урсæй зынд. Арвыл мигътæ цадæггай зына-нæзына змæлыдысты, иу иннæйы æййæфта, йæ уæлæ иу баныхæст, фестырдæр-иу ис æмæ-иу хохы кæнæ исты цæрæгойы хуызæ- нæй разынд. Мæймæ-иу куы баввахс, уæд-иу æй ахъæбыс кодта æмæ-иу зæххыл æрталынг. Хъазыдысты мигътæ мæимæ æмæ куы талынг дардтой зæх- мæ, куы та - рухс. Къутæры аууон рабадт Тегæ, йæ цæнгтæ йæ уæрджытыл æрбатыхта, йæ сæр цæнгтыл æркъул кодта æмæ цъынд цæстæй хъуыдыты ацыд. Цæй тыххæй бадт ам æнафоны, ууыл хъуыды кæнын æй нæ фæндыд, фæлæ-иу цыфæнды дæрд- ты азылд, уæддæр та-иу йæ хъуыдытæ уымæ æрыздæхтысты, стæй æппæтдæр ныггуыппæг æмæ лæппу уыны - арт судзы, стыр арт, йæ сырх æвзæгтæ райвæз-байвæз кæнынц, кафынц. Чысыл бандоныл бады мад æмæ гуымбыл ахсы. Урс, митау урс къабайы тынг рæсугъд у гыцци, тынг. Чысыл лæппу Тегæ артдзæсты цур хъазы. Æмæ дис кæны стыр Тегæ: куыд чысыл дæн, куыд? Уæ- рыккау æнæхин, пух...
Мад сыстад, чысыл Тегæйы йæ къухмæ систа, йæ риумæ йæ балхъывта, уæлæмæ-уæлæмæ схæцыд йæхиуыл æмæ стах- тысты... Баталынг уаты æмæ стыр Тегæ агуры рухс, цы фесты гыцци æмæ чысыл Тегæ. Рафт-бафт кæны стыр Тегæ талынджы... Æмæ æвиппайды йæ къæхты бын ницыуал фæхатыд, дæлæмæ, цæй- дæр арф, æнæбын цъасмæ фæтæхы... Йæ хъустæ цыма бæхы мыр-мыр ацахстой, фехъал. Базыр-зыр кодта, йæ цæстытæ йæ дыууæ къухæй аууæрста, къæхты хъæр дардæй-дарддæр кодта... Æнæахъуыдыгæнгæ фелвæста дамба- ца æмæ фæндагмæ акаст. Мæйрухсы Таймуразы фæсонтæ суыд- та. Тагъд къахдзæфтæй фæцæй тындзыдта йе ’мгар. Алцы дæр иу уысммæ æрцыд... Нырма йæ фыны уацары уыд, афтæмæй схæ- цыд йæ рахиз цонгыл æмæ фæцыд гæрах... Йæ тæвдæй ма фæс- тæмæ фездæхт лæппу, йæ дамбаца фелвæста, фæлæ йæ уæрджы- тæ фæдыдагъ сты æмæ фæндаджы хъæбæрыл æрхаудта. Дамбацайы хъæр кæронмæ райхъал кодта Тегæйы æмæ йын цыма йæ хъусты исчн бадзырдта «лидзгæ», уыйау удаистæй бахæццæ йæ бæхы цурмæ, суагъта йæ, багæпп ыл кодта æмæ Оси- аурийы хъæдырдæм нæ, фæлæ йæ хæдзарæрдæм фæцарæзта. Тахти бæх. Барæг размæ агуыбыр. Бон дзир-дзур кодта, афтæ схæццæ Бредзамæ. Маранийы иунæг фæрссагæй рухс калд... Тегæ куыддæр кæрты дуар бакодта, афтæ Сардо маранийæ ра- хызт æмæ йæ размæ бацыд. - Маранимæ уал бахиз, бæх мæ бар уадз, - ныллæг хъæлæсæй загъта лæппуйæн æмæ йын идон йæ къухæй райста. Тегæ ницы загъта, фæлæ йæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта: «Уыцы зæрæдтæ та уым баддзысты...» Æппындæр æй никæй фенын фæндыд. Йæ дæндæгтæ кæ- рæдзийыл афтæ тынг æлхъывта, цыма йын æндæдзгæ нык- кодтой. Зивæггæнгæ бацыд маранимæ. Ныллæг æртыкъахыг фынгыл кæрдзынтæ, дзидза, къуыдырфых карк, дурыны арахъхъ. Фын- джы фарсмæ - Гогла, Уасил æмæ Бетъре. Се ’ртæ дæр иу рæстæ- джы бакастысты Тегæмæ æмæ иу уысм ницы сдзырдтой, стæй Гогла, цыма никуы æмæ ницы, ахæм хуызы загъта Тегæйæн:
- Мæнæ ам, мæ цуры ’рбад, - ацамыдта йын афтид бандонмæ. Тегæ æнæдзургæйæ ’рбадт. - Æхсæвæддæ лæгæн арахъхъæй хуыздæр хос нæй, - сыкъа йын йæ къухы фæсагъта Гогла. Райста йæ Тегæ æмæ йæм кæсгæйæ баззад. - Аназ, аназ, мæ хур, - бацырд æй кодта Уасил, - ахуыпп æй кæн. Иу схæстæн æй анызта. Арахъхъ судзгæ ацыд хуылфы. Нык- кæрзыдта Тегæ æмæ къæбæр систа. Нæ йæ баци æууилын йæ бон. йæ армыдзыхъмæ йæ раппæрста æмæ йæ фынгы бын баппæрста. - Дæ хæдзарыл сæрæгасæй кæй сæмбæлдтæ, уый тыххæй ба- наз. Иумæ, цæй иумæ сæ баназæм, Бетъре, - загъта Уасил æмæ ныр та уый байдзаг кодта Тегæйæн йæ сыкъа. - Хуыцау, не ’ххуыс- гæнæг у, - загъта æмæ сæ банызтой. Тегæ дыккаг сыкъа куы банызта, уæд цыма йæ уæнгтæ бадон сты, зæхх æй йæхимæ ласта, æрлæмæгъ. Ничи йæ ницæмæй фар- ста. Йæхи дæр афтæ фæндыд. Дзурын ын зын уыд. Чысыл фæстæдæр Сардо æрбахызт. Тегæйы комкоммæ ’рбадт æмæ йæм бакаст. - Цы бадæ, ницы? Тегæ йæ сæр батылдта. - Сæ дыууæ дæр? - йæхи нал баурæдта Бетъре. - Нæ, Ирбег нæ разынд... - дзуапп радта Тегæ æмæ йæ цæсгом йæ къухтæй æрсæрфæгау кодта. ’ - Ацу, схуысс. Баулæф, - цыдæр рæвдаугæ хъæлæсæй загъта фыд фыртæн. Тегæ сыстад, цухмухтæгæнгæ ахызт дуармæ, йæ уатмæ бацыд æмæ æд дзаумæттæ йæ хуыссæны ныххауд. Йæ сæр фыррыстæй фæцæйтыдта. Кæд æмæ кæд бафынæй. Цалынмæ Сардо райсомы зылдтытæ кодта, уæдмæ хур йæ был сдардта. Тегæ фынæй кодта. Сардо дæр хуыссæгхъæлдзæг уыд æмæ иучысыл куы ’рхуыссин, зæгъгæ, уатмæ бацыд, стæй йæ хъуыды аивта: «Цæй ныр сбони, фыдæй-фыртæй фынæйыл схæцæм, уæдта нæм чи фæзынд, уæд хæрзаг ма зæгъой, цыдæр мæрдфынæй сыл бафтыд». Фæстæмæ рахызт æмæ маранийы фæстаг къулыл дзоныгъы хъустæн кæддæр цы къæдзгонд хъæдтæ бахъил кодта, уыдон раппæрста æмæ сæ амайыныл схæцыд. Сихорафонæй ахызт æмæ
йын дзы иу дæр нæма фæци, цъусгай архайдта, йæ хъуыдытæ-иу æй куы кæдæм ахастой, куы та - кæдæм. «Мæгуырæй дæр йæхи мæнæй лæгдæр æнхъæлдта Парса. Цыфæнды сæрбахъуыды рæстæджы дæр мæнмæ нæ, фæлæ æл- дæрттæм бацыдаид æхцагур. Æнæфæныкæй хъал, былысчъил- тæ мыл кæны, цыма мæ цард, мæ бон уый зонд, уый лæгдзинадæй аргæ сты. Ныр та мын йæ фырт расгуыхт революционер, мæ фæллой сæ æрхъуыд æввонгæй! Нæ федтат, æххормаггуыбынтæ, уæдмæ уæ иугай-дыгай мæрдтæм барвитдзыстæм...» Æрæгмæ райхъал Тегæ. Цыдæр хæццæ-мæццæ фын федта, фæлæ дзы рæстмæ ницы рахаста. Иæ сæр рыст, арахъхъ дæр ыл æртæфст, æвæццæгæн. Сыстад, кæртмæ рахызт. Фыдæн йæ къу- хы цъалды, афтæмæй хъæдыл бады æмæ зæхмæ æдзынæг кæсы. Йæ алыварс æхсныфæй байдзаг кодта. - Кæм сты нæ адæм, хæдзарæй уынæр куынæ хъуысы, - хæс- тæг бацыд йæ фыдмæ Тегæ. - И? - фестъæлфыд Сардо. - Дæлæ Чъребамæ ауадысты. Су- ренæн йæ хъуыр нал дзæбæх кæны æмæ йæ дохтыртæм акод- той. Куыд у исты афынæй дæ? - скаст лæппумæ фыд. - Мæ сæр тъæппытæ хауы. - Æххормаг дæ æмæ уымæн, - Сардо сыстад. - Дæхи ныхс, æз исты фенон, нырма æз дæр ницыма бахордтон, рох дæр мæ фæ- ци хæрд. Сардо арт скодта, дысоны дзидзатæ схъарм кодта æмæ фынг æрæвæрдта. Фыд æмæ фырт сбадтысты. Сардо дурынæй сыкъа- йы арахъхъ æркодта, йæхиуыл дзуæрттæ афтыдта æмæ акуывта: - Хуыцау, баххуыс кæн, нæ хъуыддæгтæ нын рæстмæ ауадз, æнæниз, сæрæгасæй нæ уадз. Анызта. Стæй лæппумæ авæрдта сыкъа. Фыд æмæ фырт афтæ иунæгæй никуы бадтысты фынгыл. Тегæ æнхъæл дæр нæ уыд, ай йæ йæ фыд зоны, кæй аназы хат- тæй-хатт. Ныр æм йæхи къухæй куы балæвæрдта сыкъа, уæд æм æфсæрмгъуызæй бакаст. - Баназ, къæбæр дын бахæрын кæндзæн, дæ сæры рыст дæр айсæфдзæн, - бамбæрста йæ фыд. - Нозтæн йæ бирæ нæ бæззы, фæлæ æртæ хуыцау загъта. Нал хъуыды кæныс æмбисонд: Арахъхъ,^дам, хæйрæг рауагъта фыццаг æмæ дзы хуыцауæн ба- дардта. Йæ зæрдæмæ фæцыд хуыцауæн æнахуыр нуæзт æмæ
дзы дыккаг дæр ракуырдта, йæ зæрдæ бахъæлдзæг. Хæйрæг ын æртыккаг дæр æркодта, уый дæр анызта хуыцау æмæ йæ сæры бацыд. Æндæр дзы нал бакуымдта æмæ ралгъыста: «Ацы хæйрæджы сконд нуæзтæй æртæ чи баназа, уый-иу мæн хуызæн уæнт, æртæйæ фылдæр дзы кæмæн антыса, уый та хæйрæг, дæ хуызæн...» Тегæ гæзæмæ фæзыхъхъыр кодта йæ был. - Хæргæ бакæн. Цалынмæ-иу арахъхъ рарæгъ кодтой фын- гыл, уæдмæ-иу мæ мæгуыр фыд царв анызта, стæй-иу изæрмæ куы’фæнуæзтаид, уæддæр-иу ын ницы ракодта. Хъуыста йæм Тегæ, æмæ дис кодта, куыд бирæ дзуры ацы хатт йæ фыд æмæ цæмæн зылд дæрдтыл... Уым дæлгоммæ чи ахауд дысон фæндаджы хъæбæрыл, уымæй йæ куыннæ фæрсы... Æххормаг ын уыд, фæлæ йæ хъуыры къæбæр нæ хызт. Мидæ- гæй-иу дзы цыма цыдæр ссыгъд, араугæ-иу ацыд дæлæмæ, зæр- дæ-иу атæвд æмæ-иу уысмы бæрд йæ кусынæй фенцад... - Бахæр, - карчы сгуы йын йæ къухмæ радта фыд. - Кæсыс, цы сæ æрфæндыд магусаты. «Сардойæн цæмæн ис алыбон кар- чы фыд, мах цы ракодтам, цæмæн мæлæм сыдæй!» Æмæ сæ Сардойæн Хуыцау æркалдта? Æхсæвæй-бонæй мæ туг калын, уыдон та уынгты хъеллау кæнынц æмæ сæ ныр æввонгæй мæ тугвæллой æрхъуыд, - арæхстгай ахызт фыд, йе ’нцойад ын цы сæфта, уыцы фарстмæ. Бауагъта лæппуйы йе сгуы хæрын, стæй йæ ныллæг хъæлæсæй бафарста: - Ничи уыд йемæ? - Нæ... - Иннæ куыд аирвæзт, иннæ? Тегæ цæмæй зыдта уыцы ’хсæв Ирбег Хашурмæ кæй нал ацыд. Кæй фæтарст æмæ хæдзарырдæм кæй фездæхт, уый не схъæр кодта фыдæн. - Дысон æмбырдмæ не ’рбацыд... - Уымæй дæр фервæзын хъæуы, стæй банцайдзысты... Тегæ йæхæдæг æркодта йæхицæн арахъхъ, йæ фыдмæ нæ ба- каст, афтæмæй йæ анызта. Фыд йæхи афтæ равдыста, цыма йæ нæ федта, адджынæн хордта æмæ стджытæ артмæ калдта. Стæг- иу ссыгъд æмæ хæдзары хусы тæф уагъта... Хæрз цъус бахордта Тегæ. Сæр йæ риссынæй уæддæр не ’нцад. - Ацу æмæ фæстæмæ ’рхуысс, кæд дын банцаид, - загъта йын йæ фыд æмæ йæхæдæг дæр сыстад.
Тегæ йæ уатмæ баздæхт æмæ схуыссыд. Сардо цъалайы ’рдæм ацыд, бæхæн, дам, йæ бынат аивон. Фæс- тæмæ куы ’рцæйæздæхт, уæд Парсаты кæрты æнахуыр урс бæх суыдта, афтæ хæнт урс бæх уыцы зылды никæмæн уыд, æмæ йæ зæрдæ фæкъæпп кодта: ай дохтыр Никъойы бæх ма уа... Уæдмæ хæдзарæй даргъбоцъо лæппу-лæг рахызт. Йæ фæдыл рацыдысты Парса æмæ Елиса. Сардо лидзæгау акодта хæдзар- мæ. Тегæйы уатмæ схызт. Лæппу уæлгоммæ хуыссыд, йæ цæнгтæ йæ къæбуты бын, афтæмæй.. - Сыст, лæппу. Парсаты кæртмæ уæртæ хордоны фæстæты акæс, цырд! - Цы?! - йæ хуыз аныхъуырдта Тегæ. «Сластой Тамуйы мард!» - февзæрд йæ сæры æмæ йæ уæнгтæ ауазал сты. - Тагъддæр, лæппу, - лæгъстæйæ загъта ноджы фыд. Тегæ тыхæй сыстад, йæ уæрджытæ зыр-зыр кодтой. Кæртмæ ныххызт, хордоны онг æй тыхæй бахастой йæ къæхтæ æмæ ка- уы зыхъхъырæй бакаст Парсаты кæртмæ. Ирбег урс бæхы цур лæууыд æмæ Парсайæн цыдæр дзырдта. Тегæ лæууыд æмæ йæм каст. Йæ зæрдæйы тыррыкк-тыррыкк цыд. Сардо йæм баввахс, æмæ цыма искæмæй тарсти, уыйау ын сабырæй загъта: - Мидæмæ бацу... Тегæ уæддæр лæууыд. Йæ сæры магъз афтæ тагъд куыста, йæ хъуыдытæ афтæ тагъд-тагъд ивтой кæрæдзи æмæ-иу дзы ныр- ма иу нæ фæци, афтæ-иу ын йæ бынат иннæ ацахста. Сардо йын йæ цонгыл ахæцыд: - Рацу мидæмæ. Сæ дыууæ дæр маранимæ бацыдысты. - Уыцы лæппу у? - бафарста йæ фыд. - Уый у... - Æз хъуамæ базонон, чердæм цæуы ахсæв, бамбæрстай? Ах- сæв хъуамæ фæуа ацы хъуыддаг. Ды ацу, баулæф. Сардо рацыд хæдзарæй... Хур фæцæйныгуылд æмæ йæ фæстаг тынтæ хъæуы сæрмæ уæлмæрды хъилдуртыл сыгъзæрингъуыз ссад зæрстой, стæй æвиппайды хохы фæстæ ныххауд хур æмæ цыма иу уысм хъæ- уыл^сау мигъ ныддæлгом.
Сардо тагъд къахдзæфтæй цыд хъæуы сæйраг фæндаджы ’рдæм. Кæройнаг хæдзарæй ахызт æмæ уæлæмæ къутæрджын- мæ сыздæхти. Сбадт къутæры бын æмæ æнхъæлмæ каст. «Айонг ацы фæндагыл рацæудзæн, стæй дæлæмæ цæуа, уæ- лæмæ цæуа, йæ фæстæ ацæудзынæн æмæ йæ базондзынæн». Уыцы тæккæ йæ хъустыл къахдзæфты хъæр ссыд. Акаст, бо- цъоджын лæг тагъд-тагъд рацæйцыд... Иу дзæвгар æй разæй ауагъта, стæй гурæй-гурмæ йæ фæстæ цыд. Лæг ахызт хъæуы сæндæттæй, стæй уæлæмæ, Къодайы хъæды ’рдæм сарæзта йæ ных. Сардо йæ фæстæ иудзæвгар фæкаст. Лæг хъæды куы фæаууон, уæд фæстæмæ раздæхт. Тегæ йæ уаты бадт, йæ сæрмæ йæ къух быцæу радта æмæ зæхмæ каст. Йæ фыд куы бацыд мидæмæ, уæд æм уæлæмæ не скаст. - Тегæ, Къодайы хъæды фæндагмæ бахызт. Дæумæ гæсгæ, кæ- дæм цæудзæн? - цымыдис каст ныккодта фыд йæ лæппумæ. - Гуиргуинамæ, йæ мадмæ. Куы йæ ’рцахстой, уæдæй нырмæ, дам, æй никуыуал федтон, айразмæ мын дзырдта... - Фæстаджы фенд ын уыдзæн, куыдзы фыртæн. Стæй дын байсæд дæ бынтæ æмæ сæ йæхи хуызæттыл байуарæд, - йæ дæн- дæгты хъыррыст ссыд Сардойæн. Тегæ ницы дзырдта, зæхмæ каст. - Дæ сæр ма риссы? - Гъо! - Ницы кæны, ахсæв ацы хъуыддагæй фервæздзынæ æмæ дын банцайдзæн. Иууылдæр æрулæфдзыстæм. Мæй скæсдзæн æмæ Цънелисы ’рдæм сыздæхæны йæ размæ бабаддзынæ... 15 Схуыссыдысты фыд æмæ фырт, фæлæ хуыссæг нæдæр сæ иу- мæ цыд æввахс, нæдæр иннæмæ. «Куыддæр мæй скæса, афтæ йæ сыхъал хъæуы. Æххæст уы- мæй дæр фервæздзæн æмæ... Уый æнхъæл дзы нæ уыдтæн афтæ сарæхсдзæн...»
«Ау, йæ фыд куы дæ... Нырма йæ хъуымыз йæ былтыл куынæ басури, ды та йын йæ къух лæджы туджы сахурын кодтай. Ныр цæргæ-цæрæнбонты хъуамæ кæйдæр тæригъæды уæззау уаргъ хæсса»... - цыма йын чидæр йæ хъусы бадзырдта. Лæгæн йæ сур хид акалд. «Æмæ æз дæр йæ сомбоны цардыл куы архайын», - йæхины- мæр загъта æнæуынгæ хъæлæсæн. «Сайыс, зæронд... Дæхи цармыл хъуыды кæныс. Дæ фырты къухæй дæ фæнды дæ рæзтæ бахсæдын. Дæхæдæг цæмæннæ цæ- уыс марынмæ? Тæрсыс, уæдта дæ дæ цонг фæсайдта æмæ фем- былды дæ, нæ? Уæдта дæ рæсугъд ус, дæ бирæ мулк, дæ чысыл бындар æнæхицауæй баззадысты, нæ?..» «Лæппу арæхстджындæр у, стæй уымæй æнхъæл дæр ничи уыдзæн...» «Ха-ха-ха-ха!.. Тæрсын куы фæфæсмон кæнай, зæронд!..» - хи- нæйдзаг худт ацахстой хъустæ æмæ Сардо къахæй-къухæй их фе- стад. Йæ сæрыл схæцыд, Тегæйы хуыссæны ’рдæм акаст. Лæппу æнæзмæлгæ хуыссыд уæлгоммæ. - Тегæ! - ныллæг хъæлæсæй бадзырдта фыд, фæлæ йын дзуапп нæ радта. «Фынæй кæны, уый хорз у, цалынмæ мæй скæса, уæдмæ бау- лæфдзæн», - ахъуыды кодта æмæ йæхи хъæццулы стыхта, кæд æз дæр мæ цæст фæсаин, зæгъгæ, фæлæ йын уыцы хъæлæс æнцой нæ лæвæрдта. Йæ хъæццулы бын бабырыд, уæддæр ын йæ хъу- сты сыбар-сыбур кодта: «Дæхæдæг ацу, зæронд, дæхæдæг... Тæригъæд у лæппу...» Сардо дзæвгар рæстæг фæтох кодта йæ сæры ныхмæвæрд хъуыдытимæ, стæй растад йæ сынтæджы æмæ айхъуыста. Мæй фæрссагæй каст. Рухсы таг Тегæйы хуыссæнмæ æххæс- сыд æмæ хъæццулæн æддейæ æвæрд цæнгтыл æндæгъд. Рахиз къух тымбылæй - риуыл, цæстытæ - цъынд, фæлæ фынæй нæ уыд. Дысоны хабар дзы нæ рох кодта æмæ æндæр истæуыл хъуы- ды кæнын нæ фæрæзта. Сардо йæм фæкаст, фæкаст, стæй æхсæвы сабырæй йæ зæрдæ фæкуыддæр æмæ тыхстæй сфæрæзта: ,- Тегæ!.. Сбони, лæппу!
Тегæ рабадти, фæрссагæй акаст. Мæй уæлиауæй тæмæн рухс калдта. Бæлæстыл йæ рухс халасау урсæй бадт. Сусæг уддзæфмæ сыфтæртæ ризæгау кодтой. - Ацæуæм, афон у! - сдзырдта та Сардо. Тегæ ныр та йæ фыдырдæм разылд. «Цы йæ хъæуы, цы мыл бафтыд? Цыма уыцы лæджы мæлæт ныппырх кæндзæн револю- цийы... Æниу, чизоны... Æндæр рæтты та æндæртæ фæцæгъд- дзысты раздзогты æмæ стæй æнæфыййау дзугау ныппырх уы- дзысты...» Сардо йæ дзаумæттæ кодта. Тегæ дæр бандоныл ауыгъд хæ- лафмæ бавнæлдта. - Ды та кæдæм цæттæ кæныс дæхи... Нæ дыууæйы ацыд хорз нæ рауайдзæн, - æрхæндæгæй бакодта лæппу æмæ йæ хъæлæс йæхи зæрдæмæ дæр нæ фæцыд: æнæныфс, алцæуыл йæ къух чи ауигъы, ахæмы хъæлæс уыд... - Хъæды онг дæ бакæнон, зæгъын... - Нæ хъæуы. Зонын, кæуылты мæ цæуын хъæуы. Скодта йæ дзаумæттæ. Æхсæнгарз басгæрста, нæмгуытæ дзы нывæрдта æмæ къæсæрæй зивæггæнгæ ахызт. Фыд кæртмæ йæ фæдыл ацыд. - Фæстæмæ бонмæ куы ’рыздæхай, уæд хуыздæр уыдзæн. Сыхæгтæ дæ хæдзары фендзысты æмæ ничи фæдызæрдыг уы- дзæни, - йæ хъусы йын бадзырдта. - Хорз, - загъта Тегæ æмæ фæндагмæ ахызт. Сардо мидæмæ баздæхт. Дуар ахгæдта æмæ та æд дзаумæттæ æрхуыссыд. Йæ сæр ныууæззау Йæ уæнгтæ ныллæмæгъ сты, цыма тынг куыствæллад уыд. Дзæвгар рæстæджы фæтох кодта йæ хъуыдытимæ, стæй йæ хуыссæг йæ хъæбысы атыхта. Куы æрбабони, уæд райхъал. Чысыл рæстæг дзагъырдзастæй фæкаст цармæ - йæ фын æрхъуыды кæныныл архайдта, фæлæ ницы бафæрæзта. Кæмдæр цыма хисты уыд æви хуынды æмæ йын тыхæй арахъхъ дардтой. Ныр хъалæй дæр йæ ком уыцы маст уыд, цыма æцæгæй судзаг арахъхъ анызта. Йæ хъуыр ныххус. «Æвæццæгæн мæ дзых гомæй баззад æмæ хуыррытт код- тон», - ахъуыды кодта æмæ растад. - Мæнæ куыд бирæ афынæй дæн, - сдзырдта хъæрæй. Кæртмæ рахызт. Куыдз кæркдоны раз хуыссыд. Йæ хицауы куы ауыдта, уæд йæ сæрыл схæцыд æмæ кæуæгау сниудта. ^^Е^^х’225 ~ч^3^®>
- Уый та, дам, цавæр у, бирæгъты холы фæуай?! - схъæр кодта куыдзыл. Фæндыд æй мацæмæ ’рдардтаид ацы хабар, фæлæ йæ зæрдæйы уаг февзæрдæр и. Къæбицæй цъæмæлтæ рахаста æмæ сæ кæрчытæн акалдта. Арацу-бацу кодта къуымты, йæхи сæхсадта. Истæуыл йæхи аир- хæфсыны ’фсон куыст агуырдта, фæлæ йæ хъуыды ницы ахста. «Куыд æвзæр зæрдыл райхъал дæн. Уæдта иу арахъхъ куы аназин». Хæринаг цæттæгæнæн уатмæ рацыд. Йæ хъус æддæмæ дард- та, цыма дард кæцæйдæр Тегæйы къахдзæфты хъæр уад йæ хъу- стыл... - Уæ, дæ бон куыд бакалд, Сардо... Уæ дæ арт куыд бауазал, е-е-е!.. Хæдзар куыддæр разылд, цæстыты сырх тæппытæ, гæлæбу- тау, спæр-пæр кодтой, сырхдалынг аци бæстæ... «Мæ хæдзар бабын!..» - дзæнгæрæгау ныззæлыд сæры... Дуармæ куыд рауад, уый нæ базыдта. Гом кауы дуарæй уæр- дон æрбатылд. йæ уæлæ пæлæз æмбæрзт Пæлæзы кæронæй тугæйдзаг дзабыры бырынкъ зынд... «Сау уæрдон... Дæ сау уæрдон мæм æрластой, мæ лæппу!» - йæхимидæг ныдздзынæзта зæрдæ. Æвиппайды ныххæррæтт кодтой хъæу... Кæрты къухбакæ- нæнтæ нал уыд... 16 Хъæдрæбын æрдуз цъæх хъæдабæйау æрттывта. Æрдузæн йæ алыварс хъæд æрхъула кодта, æрмæст ма хуссарæрдыгæй фæндагмæ ныккæсæн, гом дуарау, уыд быгъдæг. Ингæны дуртæ кæм кæрæдзимæ æввæхсты хуыссыдысты, кæм та дард фæлыгъдысты кæрæдзийæ. Фæндагмæ æввахс, ра- кæсæны, хъæдын æмбонды мидæгæй лæджы æмбæрц амад хъилдур лæууыд. Дурыл хурныгуылæнырдыгæй фарсыл сар- тæй арæзт рихиджын лæджы ныв. Зынди йыл, нываразæг кæй ницыгар дæсны уыд. Цæсгомы хæйтты ’хсæн пропорцитæ ба- хъахъхъæныныл йæхи нæ батыхсын кодта. Æрмæст дзы бæрæг уыд, дуры бын нæлгоймаг кæй ис ныгæд...
Хуымæтæджы дурыл хур æмæ къæвдатæ сæ гакк ныууагътой, фæлæ ингæн æнæхицаугъуыз нæ зынд: йæ алыварс - сыгъдæг, йæ уæлæ - цырагъы сыгъдæттæ. Хъилдуры рахиз фарс кæрæдзи- мæ фæйнæ метры бæрц æртæ тулдзы талайы сæ къабæзтæ хур- мæ ивæзтой. Саударæг зæронд ус хъилдуры раз бадтис. Иæ галиу цонг йæ роцъомæ быцæу радта, æмæ цъынддзæстæй йæ ных дурыл арæзт нывмæ скодта. «Æгæр арæх цæуын райдыдтай, мæхи дедопади, хæдзар æнæ- хицауæй цæмæн уадзыс?» - аныдзæвд йæ хъустыл... «Гъо, мæ цæсты рухс, гъо... Алыбон дæр дæм æрцæуын. Цæу- дзынæн уæм, цалынмæ мæ мæ къæхтæ хæссой, уæдмæ, стæй иууылдæр ам уæ цуры æрбынат кæндзынæн. Бафæлладтæн, мы- дадзын цырагъ уын феста мæ сæр, бафæлладтæн. Æрдæг æнусæй фылдæр тох кæнын æнæдæу цардимæ, тох кæнын мæ зæрдæи- мæ сусæгæй, æнæдзургæйæ... Æндæр мæ бон нал у»... «Нæ, мæхи дедопали, нæ, нæ хæдзары рухс хъуамæ ма ахуыс- са, фæздæг нæ хъуамæ цæуа...» «Ех, мæ зæрдæ, хæсты фæстæ ныр цал азы рацыд?! Уæдæй нырмæ алы æхсæв боны цъæхтæм кæлы рухс нæ фæрссагæй, кæд мæ хъæбултæй исчи æхсæвыгон æрыздæха, уæд, зæгъын, йæ къах мацæуыл скъуыра, фæлæ æндæр ма уæд ме ’намонд сæр, мæ цæсты рухс сæм æнхъæлмæ кæсынæй батад. Мæхи сайын... Дæу дæр сайдтон... Гъе, æмæ уæм уымæн тагъд кæнын. Ам дæр ницы- уал пайда дæн, зæххыл ма цы уæз кæнын, æндæр...» «Ма тагъд кæн, мæхи дедопали, цард адджын у, цард рухс у, цард нæ фæлхат кæны, цард цин у»... «Зонын æй, мæ уд, зонын... ды раст дæ... Раст дæ, мæ уд, цард адджын у... Æрцæуы адæймагыл сау фыд, амæлы йæ удæй ад- джындæр, удыхай уа, хъæбул уа... Æмæ йæм афтæ фæкæсы, цыма бæстæ рафæлдæхти, йæ арвы хай йыл æркалди. Алцыдæр йæ хуыз фесафы, алцыдæр ын сынад вæййы... Хур дæр æй нал фæ- тавы, иудадзыг ихæн кæны.. Сæр йæхигъæдæй дæлæмæ хауы, уæнгтæ нал комынц раст кæнын. Афтæ хилы æмæ йæ алы къах- дзæфæй æнкъары, цыма зæхх кæлы йæ быны... Рæстæг ыл афтæ иугъуызонæй фæцæуы æнæциндзинадæй, æнæадæй æмæ фæс- тагмæ мастæй дæр сфæлмæцы... Иугъуызондзинадæй, цæлы фын- гыл дæр хъыг кæны лæг. Царды цины, архайыны, фезмæлыны,
исты бакæныны монц адæймагæн, æвæццæгæн, æрдзæй лæвæрд у, гуырдзæй рахæсгæ у, æмæ иу чысыл æфсон дæр фаг у, цæмæй цардырдæм раздæха мæстджын адæймаг, раздæха æмæ... Уæгъ- ды нæ фæкæнынц: «Мæгуыр амæлæг...», «Чи амæлы, уый йæхи удæн»... «Афтæ у, ме ’намонд, афтæ... Æнæдæу ма а бæстыл царда- ин, ууыл хъуыдыдæр никуы акодтаин. Фæлæ, уыныс, куыд бирæ фæцардтæн, куыд бирæ, мæ сæр фæуа... Æнхъæлмæ кæсгæйæ фе- сты мæ бонтæ. Ныззæронд дæн, мæ бон ницыуал у. Хатт мæ ком ныххус вæййы æмæ донмæ растон, уый тых дæр мæм нал вæййы. Цынæ маст бавзæрста мæ сæр царды даргъ фæндагыл, фæлæ дын æй куыд бамбæхсон, циндзинад дæр-иу бавзæрстон... Мæ домбæйттæ фырттæм кæсгæйæ куыд нæ банкъардтаин цин?!. Æниу мын уыцы цины алы хатт дæр рыст уыд. Мæхимæ хæлæг кодтон, æнæдæу кæй рад мæ зæрдæ мæ хъæбултæй. Æмæ мæ зæрдæйæн дæ хай куыдта æнæ цæссыгæй, рысти æнæхъæрзгæйæ. Бирæ хæттыты мæ сбырста ме ’нæбондзинад, стыхстæн-иу æмæ дæумæ лыгътæн... Мæхи-иу дыл бакъул кодтон... Дæ уазал русæй-иу мын мæ зæрдæйы уыйбæрц хъарм бауагътай, æмæ-иу ме муд æрцыдтæн. Мæ цæстытæ-иу бацъынд кодтон æмæ... Мах иумæ уыдыстæм раздæрау, нæ рагуалдзæджы бонты куыд уыд, афтæ. Цъынддзæстæй ирдæй уыдтон, куыд сагъæс кодтой дæ сау цæстытæ мæ мастыл. Хъуыстон дын дæ фæлмæн хъæлæс: «Ма тæрс, мæхи дедопали, ма тæрс! Ацу, лæппутæм дæ хъус дар, арт ма ахуыссын кæн къонайы». Æмæ-иу тыхджынæй, ныфсджы- нæй фæстæмæ, дæ цæнгты тыхæй арæзт къæсмæ лыгъд радтон. Чысыл исты цины хабар-иу куы æрцыд мæ бинонтыл, уæд- дæр-иу дæумæ рацæйзгъордтон. Дæ зæрдыл ма лæууы, колхозтæ куы арæзтой, уæд дæр дæумæ сызгъордтон фæрсынмæ, зæгъын, мах та куыд бакæнæм æмæ иумæ аскъуыддзаг кодтам: «Бацæ- уын хъæуы колхозмæ. Цард размæ цæуы...» Æмæ бацыдыстæм. Колхозы мæгуыр Ирбеджы номыл схуыдтой æмæ абоны онг дæр афтæмæй баззади. Гъо, Ирбеджы тыххæй дын алцыдæр радзырдтон, фæлæ уы- цы иу хабар никуы сфæрæзтон дæуæн ской кæнын. Абоны онг дæр ма мæ хъустыл не ’ууæндын - цы уыд уый? Æцæг хабар æви мæлæтдзаг адæймаджы сæнттæ? Мæ цæсгом сæ никуы бахъæ- цыд ской кæнын. Уарзта мæ? Куыд? Кæдæй фæстæмæ?.. Куыни- куы дзы ницы фæхатыдтæн? Фæлæ гæдыныхæстæй цы пай-
да ис, цы дын æй æмбæхсон... Æз дæр сылгоймаг дæн. Цас мыл цыд, идæдзæй куы баззадтæн, уæд? Æртæ æмæ ссæдз азы... Æвæццæгæн æрдзæй афтæ конд у сылгоймаг æмæ йæ исчи хъуа- мæ рæвдауа, нæлгоймаджы фидар зонд, тых æмæ йæ хъару хъуа- мæ хъахъхъæной. Уымæн фæхонынц лæджы «сæры хицау»... Æв- зонгæй фæцух дæн дæ уды хъармæй, дæ хъаруйы ныфсæй, фæлæ дæ фæстæ æндæр нæлгоймагмæ мæ цæст бакæсын дæр никуы бауарзта...» «Никъо?» «Никъо?! Ех, мæ зæрдæ...» . 17 - Гыцци, Бети дæм дзуры, чысыл-ма, дам, æрбауай, - удаистæй æрбатахт Бежан хæдзармæ. Ева гуымбыл хъæдын къусмæ систа, йæ къухтæ йæ раздарæ- нæй асæрфта æмæ лæппуйы цæсгоммæ бакаст: - Цы, дам, хъæбул, кæд та æвзæр нæ хаты йæхи? - Æвæццæгæн... Сосо дæр уым ис... Ма, дам, хъæлæба кæнут, мæ сæр, дам, риссы. - Цом, уæдæ, мæ лæппу, - дуар рахгæдтой æмæ азгъордтой. Бетион хуыссыд уæлгоммæ, йæ фыдджын рустæ бампылды- сты æмæ дæллагхъуырты ’рдæм æрзæбултæ сты. Цæсгом - къом- сигъуыз, цæстытæ мидæмæ бахаудтой, æрхæндæг, фæллад каст кодтой цармæ. Дуары хъинцъмæ йæ сæр разылдта. - Цы кодтай, Бети, æвæццæгæн та дæ зæрдæ, нæ?.. - бауадис æм Ева. - Æрбатахтæ та мæм, мæ чызг?.. Абон куыддæр æвзæрдæр ха- тын мæхи, æмæ зæгъын... - Тæрсгæ ма кæн, ныртæккæ дын хос авæрдзынæн, - йæ баз ын бараст кодта, йæ сæры хъуынтæ йын йæ кæлмæрзæны ми- дæг бакодта, цæсгомыл къухтæ æрхаста, - мæхи Бети, фидар мын куы дæ, уæд дæхи куыд ауагътай. Къуыммæ бауади, тæрхæгæй хосы чысыл авг райста æмæ дзы агуывзæмæ æртæхтæ рауагъта, дон ыл æркодта æмæ йæм æй ба- давта:
- Мæнæ ма ацы зæрдæйы хос аназ, кæддæра та куыд фен- цойдæр уай. - Цæй хос ма мæ хъæуы, мæ чызг, бирæ мын фæдардтай хостæ дæр, - ныллæг хъæлæсæй дзырдта Бетион. - Хъæуы, мæхи Бети, хъæуы. Хъуамæ йæ баназай, - галиу къухæй йын йæ сæрыл рахæцыд, рахизæй та йын агуывзæ йæ былтæм бахаста, - афтæ, гъе, хъуамæ адзæбæх уай, уæдæ цы дæ зæрды ис. - Алцæмæн дæр ис рæстæг. Ныр та, мæ чызг, иу хъуыды зæгъын мæ рагæй фæнды, æмæ цалынмæ удæгас дæн, уæдмæ дын æй хъуамæ раргом кæнон... Евайæн йæ зæрдæ сгуып-гуыпп кодта, цæсгом туджы азылд. «Цæй хъуыды, цымæ? Ирбеджы кой мын ма скæна! Куыницы зонын мæ сæрæн, цы йын хъуамæ зæгъон, куыникуы мын ницы ской кодта йæ удæгасæй...» - февзæрд æвиппайды йæ сæры. - «Цалынмæ удæгас дæн» та цы ныхас у Бети? - къуымтæ æфснайынмæ фæци Ева. - Знаг мауал уæд, нырма мах бирæ хъуа- мæ фæцæрæм, лæппуты схъомыл кæнæм, сахуыр сæ кæнæм, стæй иууылдæр мæлыны фос стæм, - мигæнгæ ныхас кодта Ева рынчынимæ æмæ ацы ныхæстæй йæ уды катай æмбæхста. Æмбæрста йæ, ахæм цыдæр зæгъынмæ кæй хъавы Бетион, йæ зæгъын сывæллæтты цур аив кæмæн нæу, æмæ къæсæрыл ба- дæг лæппутæм фездæхт: - Ацæут, хъæбултæ, нæхи кæртмæ, родмæ уæ хъус фæдарут, ахъуыздзæн та уын. Лæппутæ æнæисты зæгъгæ ацыдысты. Ева хæдзар марзта, æмæ, рынчыны аирхæфсыны æфсон, хъæ- уы ног хабæрттæ дзурыныл схæцыд: - Ибон æмбырды, куы ма дын æй дзырдтон, нæ хъæуы нæлгоймæгтæ иууылдæр разы уыдысты колхоз саразыныл. Ныр мын Елбачион афтæ, Лади æмæ, дам, иу-æртæ лæджы йеддæмæ иннæтæ сæ хъустыл нал хæцынц. Енырмæ, дам, куыд цардыстæм, амæй фæстæмæ дæр афтæ. Æвæццæгæн, дам, сæ устытæ нæ разы кæнынц, сæ фосымуртæ сиу кæнын сæм стыр бæсты сæфт кæсы... - Гъæй, мæ хъæбул, цæрын дын куы бантыстаид, æмæ фос нæ, фæлæ мын мæхи дæр æфсондзы куы сифтыгътаис... - суынæр- гъыдта Бетион. «©^с^^У230 ^\^о-^®>
«Æз ууыл архайын, йæ кой мын ма скæна, æмæ мын иннæрдæм куы рауад», - бакатай кодта Ева. Бырæттæ акалдта æмæ куы ’рбаздæхт, уæд Бетионæн афтæ: - Цыма дæ хуыз фæхуыздæр. Æз ауайон æмæ хъæрмхуыпп æр- бадавон. Де зноны карчы хæйттæ мын нырма къусы мидæг сты. - Ницы мæ хъæуы, мæ чызг... - Карк Никъала аргæвста, Бети... Æз ууыл куы цин кæнын, мæ хæдзары нæлгоймаджы ми чи бакæна, ахæмтæ кæй хъомыл кæны, уæд дзы ды куыднæ хъуамæ фæхъæстæ уай. ! - Гъо, йæ сæрыл мæ æрхæсса хуыцау. Никъала ныр лæджы бындзæфхад у, мæ хур. - Мæ дын ахъарм кæнон дæ хæйттæ. Ныртæккæ ам дæн. Ева ацыд. Бетион иунæгæй аззад, каст цармæ æмæ мин хатты цæуыл хъуыды кодта, уый та йæ ногæй йæ фæдыл аласта. «Цæмæн афтæ æхгæдзæрдæ уыдтæ, мæ иунæг, цæмæн? Бирæ мæ куы уарзтай, мæ ныхасыл мын дыууæ куыникуы сфæрæзтай, уæд мæ дæ зæрдæмæ ныккæсын цæмæннæ искуы бауагътай? Уыцы иу боны мидæг дæ бамбæрстон, алцы банкъардтон, фæлæ мæм мæ зæрдæ цы æрбадзырдта, ууыл нæ баууæндыдтæн, сыл- гоймаджы цымыдисыл æй банымадтон. Фæлæ стæй, изæрæй, дæ мады уд цæмæннæ схауд, дæ уд куы фæуд кодта, уый размæ куы сæппæрстай: «Ева, кæуыс? Куыд хорз у дæ цæссыг мыл кæй тæдзы...», уæд дæ базыдтон, мæ зæрдиаг, уæд бамбæрстон алцыдæр, мæ сæр амæла... Ныр ма цы, мæ зæрдæдарæн, цы ма дын у мæ бон. Дæ муртæй дын марды кæндтæ фæкодтон. Мæхи дæр мастæй фæхордтон, фæлæ абоны онг æнæудыскъуыд цард кæнын. Ева мæ мæлын нæ уадзы, цард ын фестон, йæхи фыдæбæтты æддейæ ма йын æз дæр æргъом дæн. Æхсæвæй, бонæй æд сывæллæттæ мæ цуры вæййы. Хатт мæ бафæнды мæхицæн бауырнын кæнон, зæгъын, мæ чындз у, мæ идæдз чындз... Лæппутæ дæр мæхи сты, дæ фырттæ... Фæлæ та мæгуыр Къотъе мæ разы æрбалæууы æмæ мæм йæ мидбылты тæригъæддаг худт бакæны: «Мæ бинонты, мæ лæппуты байсынмæ мын хъавыс?» - æмæ мæхимид ссудзын. Афтæ тох кæнын мæ хъуыдытимæ. Ницыуал æмбарын, кæцы фæндагыл æрлæууон... Дысон тынг рыст мæ зæрдæ, хатын æй, бирæ нал ахæсдзынæн æмæ аскъуыддзаг кодтон, Бежаныл дын ныффыссон дæ бынтæ.
Уадз, дæ уæзæгыл дæ номыл схъомыл уæд. Дæуæн нæ бантыст, мæ иунæг, хъæбулы ад банкъарын æмæ æдзæрæг ма фæуа дæ хæдзар. Гъо, мæ хъæбул, афтæ мæм растдæр кæсы, афтæ хуыз- дæр уыдзæн. Байрæздзæн, слæг уыдзæн æмæ дын дæ ном нæ фесафдзæн. Æз дæр цасы фаг дæн, рухс зæгъæг нын уæддæр уы- дзæн. Ева дæр, йæ сæрыл мæ æрхæсса хуыцау, рохуат нæ кæм уадздзæн. Куыд сæрæн сылгоймаг разынд, куы... Уый æнхъæл чи уыд, афтæ бирæ хъару, афтæ фæразондзинад æм разына. Йæ фырттæн мад дæр у æмæ фыд дæр. «Дæ ныфсæй, дам, ныфсджын дæн» мын фæзæгъы. Æз та мæхæдæг кæсинаг дæн, æз ын цæй ныфсы хос дæн. Алы æмæ мын алы хостæ ссары - удхæссæгæн, дам, дæ нæ ауадздзынæн. Мæ тыхсты бонты мын Гомтæй Лади- йæн дохтыр скæнын кодта. Уый фæстæ мæм уыцы дохтыр алы хуыцаубоны дæр бæрæггæнæг цæуы. Сывæллæттæ йыл афтæ са- хуыр сты, цыма сæ мады æфсымæр у. Алы цыдæн сын адджинæг- тæ, хъазæнтæ, кæнæ дзаумæттæ фæхæссы. Иу рæстæджы мæм афтæ дæр фæкаст, кæд, зæгъын, мæн тыххæй нæ, фæлæ Евайы тыххæй цæуы. Фæлæ мæ сæр йæ нывонд мæ уæздан чызгæн, ахæмтæй йæм зæрдæхсайæн нæй...» - Мæнæ ма ацы хъæрмхуыпп фен, кæд дæ зæрдæ де ’муд æр- цæуид. Бетионы хъуыды аскъуыд... Ева йын йæ нывæрзæны цур бандоныл къусы карчы бас æмæ дзул æрæвæрдта æмæ йæм худгæбылæй каст. Бетион æм йæ цæстытæ разылдта, йæ цæсгоммæ йын фемдзаст: «Дæ мад амæла, мæ хъæбул, ахæм зæды чи нæ бауарзтаид...» - Цы та у, мæ чызг, нал мæ ауадзай уыцы бæстæм? - Æз æмæ дæуæн нæ адджындæртæ уымы бæстæйы сты æмæ уал уыдон фаг уæнт. Мах нырма ам бафидæм нæ хæс, стæй нын уый дæр кæдæм ирвæзы, иууылдæр иумæ нæ уыдзыстæм? - загъта Ева. Йæ хъæлæс уыд æнтъыснæг, фæлæ ныфсджын. Зын- дис ыл, йæ идæдзы бонтæ йын царды бирæ цыдæртæ кæй баца- мыдтой. - Гъо, мæ чызг... Иумæ... Дуарæй куыдзы рæйын æрбайхъуыст. - Кæуыл рæйы, дæ хорзæхæй? - бацымыдис кодта рынчын. Ева кæртмæ ракаст. Иæ лæппутæ, куыдзыл хъæргæнгæ, Ни- къойы фæстæ ныххал сты. Евайæн фырцинæй йæ цæсгом хурау ныррухс.
- Хуыцау, мæ уд дæ фæхъхъау! Цыма йæм хонæг арвыстам: Бети, мæнæ дæм Никъо-дохтыр куы æрбацыд. Ныр дын тас нал у, дæ къахыл та дæ слæууын кæндзæн, - ныфсджынæй загъта Бе- тионæн. - Цал хатты мæ хъуамæ раздаха мæрдты къæсæрæй, мæ чызг. Цы ма у мæ цард... - Цытæ дзурыс, цы... Мæ сывæллæттæн ды куынæ уаис, уæд... - Уæ бонтæ хорз æмæ фарн а бынаты, - сæ ныхас сын фес- къуыдта, мидæмæ æрбацæугæйæ, Никъо, - Кæсут, мæ зæрдæ мын дзæгъæлы нæ дзырдта, цæй, бауай, æххæст Бетионы дæр ауын. - Дæ цæрæнбонтæ бирæ, дохтыр, æцæг нæм рæстæгыл фæ- зындтæ, - йæ къух ын райста Ева. - Цънелисы уыдтæн, Бекъойты лæппу бæхæй рахауд æмæ... Зæгъын æххæст сымах дæр абæрæг кæнон. - Хуыцау дын цæрæнбонтæ радтæд, мæ хур, - загъта йын рынчын. - Алæ-ма, цæмæй та хъæрзыс? - бандон æм баввахс кодта Никъо. - Цы зæгъон, дæ нывонд фон, ме ’нцойад мын цы сафы, мæ низ дæр уый... Маст дуры куы халы, зæрдæ та - чысыл фыды мур, цас хъуамæ бафæраза. - Афтæ куы хъуыды кæнæм, мæ мадыхай, уæд хъуамæ дуне- йæн се ’рдæг сæ къухтæ сæ риутыл дзуарæвæрд скæной æмæ хæрзбон зæгъой а бæстæн, - хъазгæйæ загъта дохтыр. Йæ тæвд ын сбарста, зæрдæмæ байхъуыста æмæ ма йæ ныхасмæ хъæл- дзæг зæрдæйæ бафтыдта. - Ахæмæй дзы ницы ис, мæ мадыхай. Гъа, мæнæ мæм хос дæр ис мæ хызыны, фæлæ хуыздæр хос дæхи къухы ис - зæрдæйы коммæ кæсын нæ хъæуы. - Бæргæ, цард дын фестон, бæргæ... - Рацæут, мидæмæ рацæут! Дохтыр Никъо ссыд Бетимæ, - дыу- уæ сылгоймаджы разæй асиныл лæф-лæфгæнгæ сцæйзгъордта чысыл Бежан. Йæ ныхасмæ Ева æддæмæ ракаст. Елбачион æмæ Гассионы хуын хæсгæ ауыдта. Рынчынфæрсæг ссыдысты дæл- лаг сыхæй. Гассион йæхæдæг дæр рынчынтæгæнаг уыд, Бетионæй бирæ лæггæдтæ зыдта æмæ кæд Елбачионы не ’вдæлди, уæддæр æй сцом кодта, Бетионы, дам, ауынæм, йæхæдæг, дам, алкæй тыххæй
йæ уд хъары. Стæй мын мæ иунæджы дæр куыд тынг уарзы. Ир- беджы мондæгтæ, дам, дзы исын, фæзæгъы. Гассион æвгъæды куы бадт, уæд дзы уазал бацыд, фæниз- джын æмæ уыцы иу лæппуйы номыл дæр уымæн баззад. Чыз- гæй афтæ рæсугъд уыд æмæ йæ йе ’фсымæртæ иудадзыг хъахъ- хъæнгæ кодтой, мачи нын æй аскъæфа, зæгъгæ. Ныр дæр низæф- хæрдæй, йæ кармæ гæсгæ, уындджын сылгоймаг уыд - урсцъар, сыгъдæджытæуарзаг, алыхатт дæр зæрдæмæдзæугæ конд. Йæ сæрыхицау Падо - асæй бæрзонд, уонгджын, бакастай гуымир- гонд зынд, афтæмæй та тынг хæларзæрдæ лæг уыд. Йæ рæсугъд усы чи нæ уарзы, фæлæ Падо æргом не ’вдыста, æнæ Гассион æм бæстæ куыд афтид каст, уый. Иу лæппуйы йеддæмæ сын кæй нæ уыд, уый йын тынг зын уыд æмæ-иу йæ рæсугъд усæн арæх фæкодта хъазгæмхасæн: - Дæ уынды нывонд фæу Дæхи бибитæ кæныны бæсты иу фондз лæппуйы рауагътаис æмæ æз дæр адæмы рæгъы рацы- даин. Уыцы иуы номыл дæ чердæм фæдарон, уымæн ницы мæ сæрæн зонын. Гассион йæхæдæг фылдæр маст кодта, зæнæг ын кæй нал цыд, ууыл, уæддæр-иу загъта: - Бирæ æвзæрты бæсты иу уæд æмæ хорз. Кæс-ма-иу, кæддæ- ра мæ лæппу комыаргъ лæг нæ рацæуа! Æмæ æцæгдæр: уæдæ бакастæй, уæдæ зонд æмæ хъаруйæ, ахастæй Къиазойы хуызæн гуырд уымы æввæхсты нæ уыд. Мад буц уыд йæ фыртæй æмæ-иу ын сыхы устытæ куы ской кодтой. ныр дæ фыртæн ус курын афон у æмæ нын чындзæхсæв бахæ- рын кæн, зæгъгæ, уæд-иу худгæйæ бакодта: - Æмæ кæм ис ахæм чызг, мæ саджы хуызæн лæппуйæн усæн чи сбæзза, мæнæн та чындзæн? - Хæфсæн, дам, йæ лæппын хуры тын, - хъазгæйæ-иу загътой сыхæгтæ. Æниу сæхæдæг дæр дзæбæх æмбæрстой, мад уæгъды кæй не ’ппæлыд Къиазойæ. Хорзы алчи дæр уарзы. Уыдон дæр ыл зæрдейæ уыдысты æмæ йын хорз амонд куыд нæ бауарзтаид сæ цæст. Устытæ мидæмæ бацыдысты. Бацин кодтой рынчыныл. Дох- тыры фенд дæр сын куыднæ уыд æхсызгон. Ева уыдонæн дæр сыгъдæгзæрдæйæ радзырдта, куыд æхсызгон ын уыд Никъойы æрбацыд: О^о^у234 "х^3^©>
- Раст ма аргъæутты вæййы афтæ, искæйы фендмæ бабæлл æмæ дын æй хуыцау дæ разы фестын кæнæд. Катай кодтон, зæгъын, ацы тыхст рæстæджы дохтырмæ кæй арвитон, æмæ нæ къæсæрыл æрбалæууыд. - Хуыцау æй саразæд æмæ йын цæрæнбонтæ радтæд, - загъта Елбачион Никъомæ бакæсгæйæ. Никъо Евайы райгæ цæсгоммæ бакаст æмæ цæмæй устытæ мацы фæфиппайдтаиккой, уый тыххæй Бетионы ’рдæм хъазгæ- йæ загъта: - Дохтыр хаты кæм хъæуы йæ сæр æмæ уым февзæры. Йæхинымæры та афтæ ахъуыды кодта: «Алы хатт дын афтæ æхсызгон куы уаид мæ фенд! Мæн мæ къæхтæ мæ зонды æвастæй куыд фæхæссынц ардæм, афтæ дæу- мæ дæр ахæм хъуыды куы ’рцæуид: ацы лæг бауарзыны аккаг у, зæгъгæ». Хуындзæутты дзадджын уæлибыхтæй æмæ къуыдырфых карчы фыдæй Ева фынг авæрдта. Бетионы уагъд арахъхъ дæр ма дзы разынд æмæ дохтырæн фысым фесты. Бетион дæр, цыма, чысыл фæхуыздæр, хъарм уæлибыхæй иу къæбæр аууылдта. Сы- хаг устытæ йæ кæй абæрæг кодтой, уый йын йæ онг фæрогдæр кодта. Ацыдысты устытæ, дохтыр дæр йæ фæндаджы кой бакодта. Сывæллæттæ сæ фосмæ базылдысты, Бетионæн дæр сæ бабæстон кодтой æмæ суанг фæсахсæвæртæм йæ цуры фæбад- тысты. Стæй Ева Бежанæн уым бауат кодта, иннæты ракодта сæхимæ. - Нана, Никъо-дохтыр мын афтæ загъта, мæ бынатмæ, дам, æндæры æрбарвыстой, æз та, дам, уæ хъæусоветы цы хъæутæ ис, уыдон дохтыр уыдзынæн, - загъта Никъала йæ мадæн, хæдзар- мæ куы ’рбахæццæ сты, уæд. - Хуыздæр фæуæд, Бетийы нын сдзæбæх кæндзæн, стæй æнæуыйдæр хорз адæймаг у - загъта Ева æмæ йæхинымæры та дисы бафтыд: «Цæмæн æй бахъуыд йæ куысты бынат дардмæ баивын?» Иæ хъустæ ссыгъдысты. Цал æмæ цал хатты фæфиппайдта дохтыры уарзæгой цæстæнгас, фæлæ-иу алы хатт дæр исты хи- растгæнæн ныхас мысыд. Абон дæр та иуцалдæр хатты ацахстой йæ цæстытæ дохтыры рæвдаугæ цæстæнгас.
Схуыссыдысты. Лæппутæ уайтагъд афынæй сты, Евайы та хъуыдытæ сæ уæлныхты систой. «Мæн тыххæй раивын кодтаид махырдæм йæхи? Цæмæн?.. Кæм æз - хъæуккон, æнахуыр идæдз сылгоймаг, кæм уый - дох- тыр лæг, ахуыргонд. Хæрзконд, бакастджын нæлгоймаг у, фæлæ йыл уæддæр зыны, мæнæй бирæ кардæр кæй у. Куыд æдылы дæ, сылгоймаг, нæлгоймаг дæм йæ мидбылты куы бахуды, уæд аф- тæ цæмæн фенхъæлыс дæ уарзондзинадæй æрратæ кæны! Дед- тæ мын тæригъæд кæны, æртæ æнахъом сывæллонимæ идæ- дзæй кæй баззадтæн, мæ сидзæрты дæр мын уымæн рæвдауы...» Никъо йæ цæсты раз слæууыд: Алыхаттау, сау костюм, урс- урсид хæдон æмæ галстучы. Урсцъар цæсгом сыгъдæг даст, йæ сау, гæзæмæ къæбæлдзыг сæры хил ивзийын райдыдта æмæ ных уæлæмæ-уæлæмæ схæцыд, сабæлутгъуыз цæстытæ фæлмæн, уарзæгой каст кæнынц, куыд тынг ыл фидауы мидбылхудт - йæ раззаг, уæллаг дæндæгтæй иу сыгъзæрин, цыма йæ комæй хуры тын раирвæзт... Рудзынгæй мæйрухс гудзицц кæны æмæ Ни- къойы сæры хилы иугай урсытæ æвзист æрттывд кæнынц... Ус йæ цæстытæй ракаст æмæ йæ сæрыл рахæцыд. Дохтыры æндæрг æвиппайды фæтары. Мæйы рухс тын къулы уæлæ Къо- тъейы цухъхъайыл узæлыд. Евайы цæсгом артау ссыгъд, зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, рустыл, кæрæдзи фæстæ, згъордтой цæс- сыгтæ. «Къотъе, мæхи Къотъе... Мæ домбæйттæ, мæ æнамонд, мæ, мæ... - цы ма йæ схуыдтаид, уый нал ахста зонд æмæ цæмæй йæ хæкъуырцц ма райхъуыстаид, уый тыххæй йæ цæсгом базы аныуæрста. Куыд ахъуыды кодтон æндæрыл? Куыд ис уый гæ- нæн, мæ сæр дын амæла... Дæ бынат дын исчи бацахса!.. Æй, сау фæнык куыд фæци мæ сæр, гъе!.. Нæй, нæй, макуы мыл бахудæд дæ зæрдæ, макуы... Афтæ баддзынæн дæ номыл...». «Кæдмæ, кæдмæ?.. Цал азы рацыд, цал азы...» - дымгæйы сыф- сыфау уазалæй аныдзæвд йæ хъустыл. «...Афтæмæй та иу бон дæр нæ уыд æнæдæу мæ бон, иунæг бон... Цалынмæ-иу хъæдæй здæхтæ, уæдмæ-иу мæ цæстытæ ныу- урс сты... Цас тухæнтæ бавзæрста мæ уд æнæдæу?! Цалынмæ ма мæ мæгуыр фыд гас уыд, уæдмæ цыдæриддæр нæлгоймаджы куыстытæ ис хæдзары: сугласынæй, хуымкæнынæй, хоскæрды- нæй... Алцы мын арæзта. Ныр мын фарон уый дæр амарди æмæ
ацы аз алкæмæн лæгъстиаг фæдæн. Лади дæр ныззæронд, ныр- рынчын, иннæахæм мæ мады æфсымæр - йæхи дæр нал фæразы. Таму та стыр лæг у, хицау - хъæусоветы сæрдар, йæхи куысты- тыл дæр не ’ххæссы...». «Дæхи стæригъæддаг кæн, цæмæй дын æфсон уа», - ног та йæ хъустæ ацахстой. «Цæй æфсон? Ома Никъойы тыххæй?.. 0 ме скæнæг хуыцау, цы бафтыд ацы лæджы ном мæ дзыхы...» Лæппутæй кæцыдæр йæ фарсыл æрзылд æмæ хъæдын сынтæджы хъинцъ фæцыд. Евайæн йæ хъуыдытæ атæррæст ла- стой йæ сæрæй, мад фæгæпп кодта: «Йæ хъæццул та раппæрста ацы дæлæмæдзыд. Йæ уæлæ æм- бæрзт нæ уадзы... Сынтæджы цур февзæрд, æрныуæрста йæ æмæ фæстæмæ æрхуыссыд. - Ныр мæ фырттæ сирвæзтысты. Ныр Никъала хæдзардарæг у, йæ низтæ бахæрон. Фыййауы мызд мын куы æрхаста фарон. Хуыцау, дæ фæрцы, хуыцау... Æнæниз мын сæ уадз. Исты фæрæзтæ кæндзыстæм...». Сбони. Никъала хъæуы фосæн фыййау цыд зæронд Бетъаимæ æмæ- иу æй мад раджы сыхъал кодта. Ныр йæхæдæг райхъал и æмæ фæдисау: - Нана! - А? - фехъал Ева. - Цы мæрдвынæй бадæн, дæ хорзæхæй, ай мыл куыд æрцыд?.. - Йæ дзаумæттæм бавнæлдта. - Æз та тæрсгæ фæкодтон, зæгъын кæд, мыййаг, фæрынчын дæ, - бахудти лæппу. - Тагъддæр, хъæбул, тагъддæр, байрæджы дын... Худинаг у. - Ныртæккæ мæхи ахсдзынæн æмæ цæттæ дæн! Ева йæ фыййауæн цыхт æмæ кæрдзын нывæрдта хызыны, йæхæдæг йæ райсомы зылдтытæ райдыдта, стæй Сосойы дæр сыхъал кодта: - Сыст, хъæбул, хур уалæ кæдæм схæццæ, дæ род дæр уасы, акæн, дам, мæ хизынмæ, - йæ къухтæ ’рхаста лæппуйы къæсхуыр уадултыл, - сыст, мæ лæппу, сыст. Х Сосо зивæггæнгæ растад. - Цалынмæ ды дæхи æхсай, уæдмæ Бетимæ бауайон, кæддæра кУыд у, - загъта Ева Сосойæн æмæ ацыд.
Бетионы кæрты дуар гом уыд, Никъала хъомты аскъæрдта æмæ йæ, æвæццæгæн, афтæ уый ныууагъта. Ева тагъд-тагъд суади асиныл. Уынæр никæцæй хъуыст æмæ йæхæдæг дзургæ цыд: - Æй, æй, фынæйы дзæкъул, фынæйы’ дзæкъул! Де ’фсымæр фос хизынмæ кæд аскъæрдта, ды та хуыррытт кæн сихорафонмæ!.. Дуарыл бахæцыд, фæлæ мидæгæй æхгæд разынд. Рудзын- гæй бакаст: къулгæрон сынтæгыл Бежан адджын фынæй кæны. Бетионæн йæ хъæццул зæхмæ æрзæбул, йæ рахиз къух йæ цæс- гомыл æвæрд, галиу къух хъæццулæн æддейæ сынтæгæй дæ- лæмæ ауыгъдгондæй лæууы. Йæ зæрдæ фæкуыддæр Евайæн. Дуар бахоста: - Бежан, уæ, Бежан! Бакæн дуар! Лæппу фехъал. Йæ цæстытæ аууæрста. Ева уæддæр хойы дуар: - Бакæн дуар! Дуар бакæн, лæппу! - Ныртæккæ, гыцци! Цы кодтай?! Бæгъæввадæй рауад лæппу. Дуар бакодта æмæ Ева Бетионмæ базгъордта. Гæзæмæ хъарм ма уыд... Йæ къух ын йæ цæсгомæй систа. Цæстытæ - цъынд. Йæ дæллаг æфсæр æрхауд... - Бети, мæхи Бети!.. Дæхи къухæй бахæцыдтæ дæ цæстытыл, дæхи къухæй, - ныббогъ-богъ кодта Ева æмæ Бетионы риуыл ныддæлгом. 18 «Ех, рæстæг, рæстæг, куыд æгъатыр дæ, куыд... Дæ базыр- джын æфсургъыл бадыс. Дæ ехс дæ къухы æмæ тæхыс, тæхыс... Æмæ адæймаг йæ цыбыр царды исты амондыл фæхæст, уæд кæронмæ нæма банкъары йæ цины сæр, афтæмæй йын æй демæ аскъæфыс... Фæлæ æнамонды хабар баййæфта адæймаджы, хуыцау ыл йæ цæхæртæ ныккалдта, уæд дæ бæх йæ къæхтæ йæ размæ ныццæ- вы, æмæ кæд æмæ кæд анкъуысыс, уымæн нал вæййы базонæн. Кæмæн дын цы у йæ бон? Чи дæ бауромдзæн, цæмæй йæ амонд- джын бонтæ адаргъдæр уой? Кæнæ дæ тыхæй чи асурдзæн, цæ- мæй йе ’намонд бонтæ фæкъаддæр уой? Ничи. Ды тыхджын дæ...
Æвзонгдæр ма куы уыдтæн, уæд дæр æй æмбæрстон, фæлæ ныр, куы базæронд дæн, уæд æй тынгдæр æмбарын. Зæронд дæн, цы ма вæййы, уæдæ. Мæ алыварс куы аракæс-бакæс кæнын, уæд ма мæхицæй æфсæрмы дæр фæкæнын - мæ адджын адæмæй кæи- мæ фæцардтæн, мæ фыдæбоны бонтæ кæимæ арвыстон, уыдо- нæй мæ цуры иугæйтты йеддæмæ нал баззади, фæмардысты. Æз ма баззадтæн хъысмæты фыдæнæн æви мæхи сæры фыдæнæн. Тыхджын дæ, рæстæг... Мæ цæрæнбонтæ демæ тохгæнгæйæ баихсыдысты. Тых ма мæ куы уаид, уæд ныр дæр нæ аппарин мæ гæрзтæ, фæлæ ма цы зæгъон, цы ма мæ бон у... Мæгуыр Бетион йæхи мастæй бахордта æмæ тагъд дæр уы- мæн баййæфта йæ иунæджы. Æз та уымæй фыддæр æмæ фыл- дæр дудгæбæттæ куы федтон, уæд цæнгæтæй конд дæн? Нæ, æз цæнгæтæй фыддæр разындтæн, фыддæр, мæ сæр амæла... Цы зындзинæдтæ сфæрæзта зæрдæ... Цы нæ бабыхста. Æппæты фыццаг фермæйы куы райдыдтон кусын æмæ мыл мæгуыр Агоз куы бафтыд, уæды хуызæн æдых, æнæхицау никуы банкъардтон мæхи, фæлæ уæззаудæр бонтæ фæстæдæр кæй уыдысты, уый кæй фæсонæрхæджы æрцыдаид...». ...Кæддæры хабæрттæ та уды мидæг бацыдысты, сызмæлы- дысты æмæ кæрæдзи фæстæ ныххал сты, арвыл мигъы къуым- билтæ кæрæдзи куыд сурой, афтæ, кæм ирдæй, кæм тардæрæй... 19 - Азæ, æз цæуын, ацы хатт уæм нал банхъæлмæ кæсдзынæн, Бежан мын знонæй нырмæ йæ сæрæн нæу. - Ацу, фæлæ ацы талынджы иунæгæй?.. - басагъæс кодта Те- блуен. - Кæд мæ бирæгъ нæ хæры, мæнæ дыууæ къахдзæф у æмæ... - Бирæгъ нæ хъæуы нырма никæй бахордта, дыкъахыг би- рæгъ дыл ма рамбæла, уый йеддæмæ... - хъазгæйæ бакодта Азæ. Ева фермæйы кæртæй иудзæвгар куы ауади æмæ комы фæн- дагыл куы бахызт, уæд ма фæфæсмон кодта: «Æцæг æгæр куы æрталынг. Цалынмæ донæн иннæ фарсмæ бахизон, уæдмæ... Цы нæ вæййы...».
Хъарм изæр уыд. Æрдз улæфынмæ æрцæттæ. Уынæр никæ- цæй хъуыст. Мæй - нæуæг, гæзæмæ рухс дардта, фæлæ цæст уæд- дæр æвзæрста фæндаг. Ацы фæндагыл ныр æнæхъæн афæдз бон дыууæ-æртæ хатты фæцæуы. Алы дур, алы дзыхъхъ, алы къуыпп дæр, йæхи кæртау, хорз зоны. Тагъд-тагъд згъоры æмæ йæ хъуыдыты йæ лæппуимæ дзуры: «Цы дæм рауад, хъæбул, ды мын се ггасæй хъæддыхдæр куы дæ. Уыцы иу амонд ма мæ ис æмæ мын рынчынтæгæнаг кæй не стут, æндæра цы бауыдаин. Цæмæн хъуамæ рисса дæ сæр, кæд хурмæ бирæ фæхъазыдтæ. Никъо дæр ныр æртæ боны нал ра- зынд, æндæра дæ уый уыйбæрц рынчын нæ бауагътаид, исты хос дын бадардтаид...» Цыма йæ фæстæ исчи цыд, ахæм уынæр ацахстой хъустæ. Къæхтæ сæхигъæдæй фæтагъддæр кодтой цыд. Стæй уыцы чи- дæр бæзджын ныххуыфыд, æмæ Евайæн йæ зæрдæ фæтыррыкк ласта. «Цæй, цæмæй тæрсын, хæргæ мæ акæндзæн, - йæхицæн ныфс авæрдта æмæ размæ акаст. Былгæроны тулдзмæ ма йæ чысыл хъуыд, афтæ йæ лæг раййæфта æмæ йæм ныллæг хъæлæсæй бадзырдта: Ф - Цавæр тагъд кæныс, дæ хорзæхæй, фæлæуу иумæ ацæуæм. «Æхх!.. Агоз! Кæд та расыг у, уæд... Мæ фыдбылызтæ дæ хай...» йæ цыд нæ фæсабырдæр кодта ус. - Фæлæуу дын зæгъын, кæдæм лидзыс? - йæ тæккæ хъусы цур ын бадзырдта Агоз. - Тагъд кæнын æмæ уæдæ цы кæнон... - цыдæр тæригъæд- даг, зырзыргæнгæ ныхас схауд йæ хъуырæй. Нæ йæ фæндыд, кæй дзы тæрсы, уый лæг фæхатыдаид, фæлæ йæ йæхи тæригъæддаг хъæлæс ноджы стыхсын кодта. - Никуыдæм алидздзæн хæдзар дæр, иучысыл мæ ныхасаг ис демæ æмæ дыл лæгæй-лæгмæ никуы фæхæст дæн, - æнæ дæлæ- уæлæ загъта, йæ зæрды цы уыд, уый. Ева йæ цыды хай кæны. «Ацы хатт расыг нæу, фæлæ мæ æхсæвыгон исчи нæлгойма- гимæ цæугæ куы фена, уæд цы зæгъдзæн, уæлдайдæр та Агози- мæ йæ ус, дам, алыгъд æмæ ныр кæйдæр идæдзимæ...» - Алыбон мæ куы уыныс, кæд дæ исты зæгъинаг ис, уæд дæ чи нæ уадзы...
- Æрлæуу, Ева, тæрсгæ ма кæн, - тулдзы цурмæ бахæццæ сты, афтæ йын Агоз йæ цонгыл фæхæцыд æмæ йæ аууоны фæурæд- та. - Тыхæй мæ исты куы фæндид, уæд куыд æнхъæл дæ, исчи мæ разы балæууид? - æмæ лæг фæгуыбыр усы цæсгоммæ. Ева фæджихау, фæстæмæ алæууыд, фæлæ йын Агоз йæ цонг не суагъта. - Цы?.. Цы мæм бауæндыдтæ?! - карзæй хъуамæ загътаид, фæлæ йæ хъæлæс тынг фæсус æмæ æдыхæй райхъуыст. - Бауæндыдтæн дæм... Кæсыс, нæ банызтон, афтæмæй дæм бауæндыдтæн, уымæн æмæ ныр афæдзæй фылдæр мæ зæрдæи- мæ тохæй бафæлладтæн... Дардæй бæхы къæхты хъæр æрбайхъуыст. Евайæн фырæф- сæрмæй йæ цæсгом цъæхарт суагъта, йæ зæрдæ сгæппæввонг сси. Барæг сæ иувæрсты ацыд сындæг цыдæй, нæ сæ бафип- пайдта. Ева йæм йæ цæстытæ ныццавта. Куы фæаууон, уæд æй базыдта: «Уый у!? Цыдæр ныфс йæ уæнгты ахызт. - Ныхъхъæр æм кæ- нон? Нæ, уæд та куыд ахъуыды кодта, ома мæхи фæндонæй Лембæлдтæн Агозимæ...». Агоз та Евамæ бакаст. - Нал у мæ бон, Ева, исчердæм хъуамæ ’рхауа мæ хъысмæт, æмбарыс? - æввахсдæр æм бакъахдзæф кодта. Ева æваст асхуы- ста лæджы æмæ барæджы фæстæ ныййарц. Усы къæхты тъæпп- тъæпмæ бæх фæтарст æмæ азгъордта, фæлæ йын барæг йæ рох- тыл æрбахæцыд æмæ фæстæмæ разылд, ома циу, цы дæ фæтæр- сын кодта. Ус удаистæй дугъ кæны сау æндæргау. «Ева!.. Цæмæн згъоры?». Æрхызт бæхæй, йæ размæ рацыд æмæ йæм йæ цæнгтæ ба- даргъ кодта. - Цы кодтай, Ева? - Никъо! - æхсызгонæй схаудта зæрдæйæ, цыма йын йæ хъæбулы мæлæты дзæмбытæй байстæуыд. - Никъо! - æмæ куыд февзæрд йæ цæнгты ’хсæн, уый нал бамбæрста. Уый уыд иу уысм, æви дыууæ, æртæ... Нæлгоймаджы риуы гуыпп-гуыпмæ æвиппайды æрæмбæрста йæхи, фæлæ куыд тынг хъарм, адджын зæлтæ ахста хъус: «Ева, Ева... Цы кодтай, дæ низтæ?..».
Йæ сæры хилты æхцонæй, арæхстгай ленк кодтой Никъойы уырзтæ, кæддæр-иу Къотъейы риуыл куыд бакъул кодта йæ сæр æмæ-иу ын уый йæ дæрзæг къухтæй йæ къæбæлдзыг сæры хил куыд даудта, афтæ... Сылгоймаг æвиппайды атонæгау код- та йæхи Никъойы риуæй, фырæфсæрм æмæ фыртыхстæй нал цæуын фæрæзта, нал сдзурын. Сæргуыбырæй сагъдау баззад. Никъо сылгоймаджы зын уавæр фæхатыд æмæ цыма ацы цауæн æппындæр ницы нысаниуæг лæвæрдта, ахæм хуызы загъта: - Цæуæм хæдзармæ, - æмæ йæ иу къухæй усы цонгыл рахæ- цыд, иннæмæй та - бæхы идоныл... - Тынг ныффæлладтæн. Цал æмæ цал хъæуыл æрзылдтæн, цал æмбырды ауагътон. Хæдæгай, Таймуразæй уын салæмттæ. Хъæусоветы фембæлдыстæм, фæфæрстытæ мæ кодта сывæл- лæттæй, мæ хомæ, дам, мын дæ хъус куыд дарай. - Дæхæдæг, зæгъ, макуы æрбарæди йæ уынынмæ, - сдзырд- та Ева. - Йæхицæй хъастгæнæн нæй. Æхсæвæй, бонæй йын æрулæфт нæй. Дæхæдæг зоныс, цас хъуыддæгтæ ис йæ бæрны. Афтæ бирæ ивындзинæдтæ иугæндзон зын аразæн сты. Æлдар Гоглайы хæдзæрттæй иуы скъола бакодтой хъæуы сывæллæттæн. Къуы- рийы размæ йæ чидæр басыгъта. Районæй милицæ ссыд æмæ Го- глайы фырты ’рцахстой, басасти, æз, дам, ыл бандзæрстон арт. - Зазайæн бантыстаид. Ахæм саузæрдæ уыд чысылæй дæр... - Уыдонимæ тох нырма бирæ ахæсдзæн. Фæлæ ды афтæ удаистæй цæмæн лыгъдтæ, де ’мбæлттæм цæуылнæ банхъæл- мæ кастæ? - Йæ цымыдис æндæр нал бабыхста Никъо. - Бежан мын фæрынчын æмæ... - Ау, цы кодта мæ зæндджын лæппу? - бадис кодта дохтыр. «Мæ зæндджын лæппу». - Йæ зæрдæйыл сæмбæлд ацы ныхас Евайæн. Дохтыр Бежаны фыццаг хатт не схуыдта афтæ. Алы хатт дæр ыл афтæ узæлыд: «Цу-ма, мæ зæндджын лæппу!» «Бæдæй- наг, мæ зæндджын лæппу!». Бинонтæ дæр ыл сахуыр сты æмæ сæ уыцы хабар æппындæр диссаг никæмæ каст. Бежан дæр фылдæр Никъоимæ уыд, кæсын- фыссын æй ахуыр кодта, дзаумæттæ дæр ын фылдæр йæхæдæг æлхæдта. Лæппуйæн иу бон дæр æнæ Никъо йæ бон нал уыд. Фыды узæлд кæй никуы банкъардта, уый йын Никъойы хъарм ахаст æмæ рæвдыдæй æххæст кодта. Евайæн дæр æхсызгон уыд
ацы хабар, ахуыргонд лæг у, мæ лæппуты мын раст фæндагыл бафтаудзæн, зæгъгæ. Ныр ын ацы ныхас: «мæ зæндджын лæппу» йæ зæрдæ барæхуыста. Цыдæр азымджын фæкаст йæхимæ. «Цæмæн афтæ барджынæй дзуры?.. Исты мæ фæхатыд?.. Исты ныфс æй ис?.. Гъæ, æдылы сылгоймаг...». Еваты хæдзарæй рухс калд. Кæртмæ куы бацыдысты, уæд бæх бамыр-мыр кодта æмæ Сосо гом дуарæй йæ сæр радардта. - Бежан! Никъо æрцыд! - сдзырдта æмæ кæртмæ ралыгъд. - Куыд у лæппу? - афарста йæ мад. - Дзæбæх, - дзуапп ын радта æмæ йæ мадмæ нæ, фæлæ Ни- къомæ балыгъд. - Куыд æрæгмæ цыдтæ? - æмæ йæ цыма, æцæг, рагæй нал фед- та, ахæм тыхст ыл акодта. - Æрымысыдтæ мæ, къæбæда? Хуыцауыстæн, æз дæр уæ тынг æрымысыдтæн, - йæ сæр ын адаудта Никъо æмæ мидæмæ ба- цыдысты. 20 ...Афтæ æнæдзуаппæй æвиппайды кæй асæррæтт ласта Ева, уый Агозы фергъиау кодта, фæлæ йæ фæстæ алидзын йæ сæрмæ нæ бахаста: «Æвзонг чызг æмæ лæппу куынæуал стæм, ныр кæрæдзи сурынтæ сисæм. Алидз, мæ хур, бирæ фæлидзай æви цъус, уæд- дæр мæнмæ у дæ фæндаг. Æндæр фæрæз мын нал ис. Дæхиуыл дæр дзы æртæ даринагимæ хуыздæр бон нæй...». Цъусгай рацыд йæ фæстæ. Размæ акаст. Дыууæ æндæрджы фæцæуы, сæ фæстæ бæх. «Дохтыр уыдзæн. Æз æм чъылдымырдæм лæууыдтæн. Ба- зыдта йæ æмæ лидзгæ дæр уымæн ракодта. Æз дæр æм æвзæр ницы сдзырдтон. Иæ ном счъизи кæнын мæ цæмæн бахъуыд, фæлæ айразмæ хъугдуцджытæй æрыхъуыстон: нæ уæздæттæ дохтыр, дам, Къотъейы лæппуйыл уæгъды нæ узæлдзæн. Сæ рæсугъд мадæи, дам, сын рæвдыд куынæ зонид... Ома йæ сæрмæ бахæсса ахæм ми? Не ’нхъæлдæн... Сылгоймæгтæ куыницы дам- дум кæнои, уæд сын хор хоры ад нæ кæны. Никъо ныр дыууæ азы нæ хъæуы цæры. Уæздандæр лæгæн скæнæн нæй. Ахæмтæй йыл
никæй зæрдæ бахуддзæн. Алкæмæ дæр ын æмхуызон ахаст ис; алкæй хæдзары дæр хи хæдзарау сæрибарæй хаты йæхи. Фын- гыл дæр бирæ хæттыты фестæм иумæ. Уæзгæ; зондджын лæг у, стæй ас у; йæ сæр гасæй куы сурс; Ева та... Нæ сылгоймæгтæн се ’взаг мæрдтæм хуынкъ кæны; рæсугъд кæй у, уый тыххæй йæм хæлæг кæнынц». Агоз дæр хъæубæсты æвзæр адæймагыл нымад нæ уыд. Ку- саг; æнæхъыгдард, хæдзардзин уыд. Фезмæлыны фыдæй ницы фесæфтаид. Колхозы дæр иузæрдионæй куыста. Иуæй-иутау кусгæ-кусын; аууон бынæттæ нæ агуырдта æмæ бонасадæн ни- куы кодта. Æмæ фос куыд бирæ уарзта. Йæ хъомтæ хъæуы хъом- ты ’хсæн бæрæгæй зындысты: нард; хæрзхаст; сыгъдæг. Уæл- дайдæр та йæ галтæ; стæй куыд тыхджын уыдысты; йæ суг- ты уæрдонæн-иу иннæтимæ абарæн нæ уыд. Быдырмæ-иу суг куы аластой уæймæ; уæд-иу иннæтæн цы аргъ истой; уымæй дыууæ хатты фылдæр Агозы сугтæ истой. Фермæгæсæй дæр æй уымæн баурæдтой; фæлæ хуыцау лæгæн алцæмæй нæ рухс кæны йæ зæрдæ. Агозæн дæр иу стыр маст бахай кодта. Ныр дæс азæй фылдæр рацыд; бинонтæ куы 'рхаста; уымæй æмæ нырма зæнæджы ад нæ зоны. Йæ дыууæ кæстæр æфсымæры йæ фæстæ ’рхастой устытæ; фæлæ дзы иуæн дыууæ саби ис; иннæмæн - æртæ; æмæ Агозыл йе ’нæзæнæджы хабар фæстагмæ тынгдæр райдыдта тæфсын. Уый аххосæй схæлар лæг нуæзтимæ дæр. Цæвиттон, йæ бинойнаг Дзадтион уындцух нæ уыд; фæлæ æгæр стæвдтæ уыд; асæй Агозæй бæрзонддæр; хъæбæрсæрст. Æцæг йæ ныхасæн бынат зыдта. Хъæддых; æнæниз сылгоймаг хæдзары фылдæр уаргъ йæхæдæг хаста. Фæстаг рæстæджы фæхатыд, Агоз æм уазал зæрдæ кæй дары æмæ нæ бабыхста. Æгæрыстæмæй ма йын йæ бон афтæ дæр баци зæгъын: - Цы мæ азымы дарыс, цæмæй йæ зоныс аххосджын æз дæн? Низджын дæн æви цы? Мæ дæларм уæ ахæсдзынæн иууылдæр; сæр куы бахъæуа; уæд! Агоз нуæзтджын уыд æмæ ацы ныхæстæм фæсонтгонд; фæлæ йæ усмæ йæ къух нæ райста йæ разы доны дурын фелвæста æмæ йæ зæххыл ныздыхта. - Цы хъауджыдæр у, фæлтау мын мæ сæр ныппырх кодтаис! - загъта Дзадтион æмæ феддæдуар.
Уыцы æхсæв йе ’фсинмæ сбон кодта. Йæ райсом та йæ цæгатмæ афардæг. Ууыл фæци сæ дæс азы иумæ цард: налдæр æй Агоз æрцагуырдта, налдæр йæхæдæг æрыздæхт. Йæ дзаумæттæм ын афæдзы фæстæ йе ’фсымæры ус æмæ йæ мады хо æрцыдысты. Дзæбæх сæ суазæг кодтой фысымтæ. Æфсин ма кæугæ дæр фæкодта, мæ фыццаг чындз, мæ фыццаг цин, дам, Дзадтион уыд, адджынæй, дам, куы фæцардыстæм, уæд, дам, ныл афтæ тынг цæмæн суæлæхох. Уæрдоныдзаг хуынимæ сæ арвыстой, чызг чындзы куыд цæуа, афтæ йын хуыссæнгарзæй, æндæрæй алцы арвыстой, фæлæ Агозæй хъыпп-сыпп не схауд. Уыцы хабарæй афæдзы фæстæ Дзадтион Плитæй иу идæдз лæгæй смой кодта æмæ йын йæ дыууæ сидзæр хъæбулы хъомыл кодта. Агоз йæ мадимæ баззад йедзаг хæдзары. Хæдзары та би- рæ зылдтытæ уыд, фосæй, æндæрæй сæм кæсын хъуыд, зæронд усæн уыйбæрц йæ бон кæм уыд. Иугæр Дзадтионы чындзы ацыд куы ’рыхъуыст, уæд мад дæр бафæрæзта йæ фыртæн: - Ракур ус, хъæбул, кæдмæ афтæ дæ зæрды цæрын ис. Ба- зæронд дæн, хæдзары митæ мæ бон нал у æмæ мæ мæхи мæт нæй, дæлдзæх мæ сæр, фæлæ дæу цæрын хъæуы... - Кæй ма хъæуын, Хуыбылон, мæхи ус мæ лидзгæ куы фæкод- та, уæд мæ искæй ус цы кæны? - хъазынмæ аздæхта ныхас Агоз. - Искæйы усæй дæ хуыцау бахизæд, мæ лæппу, æнæцыд чыз- джытæй фылдæр цы ис а бæстыл, чи дын нæ бакомдзæн. Онг цух дæ, хæдзар дын нæй æви дуар? Ды исты бакой кæн, уый йеддæ- мæ чызджытæ бирæ... - Ех, гыцци, мæ кары ма чызджыты фæстæ зил!.. - цыдæр æнтъыснæг хæлæсæй загъта лæппу æмæ кæртмæ ахызт Æмæ та-иу искуыдæй-искуыдмæ мад куы ской кодта Агозæн, искæй æркæн, зæгъгæ, уæд-иу йæ къух æнæисты зæгъгæ атылд- та æмæ-иу цæуынмæ фæци. Дис кодта Хуыбылон: «Кæд Дзадтионы ацыдыл мæт кæны, уæд æй фæстæмæ цæ- мæннæ уал æркодта? Никуы ницы æрцыд. Йæ цæгатмæ тæргай ничи алидзы? Дыууæ уды ’хсæн тæргæйттæ куыднæ вæййы, фæ- лæ та бафидауынц. Адон та уыцы иу хатт фæхъаугъа сты æмæ карды лыгау ахицæн сæ цард», Цæмæй зыдта Хуыбылон, Агоз сусæгæй цас маст хордта, зæ- нæг сын кæй нæ уыд, уый тыххæй. Куыста, фæллой кодта, фæлæ иæ зæрдæ куыддæр афтид уыд, ницæмæ ради.
«Дæ къæбæр æппынæдзух иунæгæй хæр; дæ хæдзарæй сы- вæллоны хъæлæба ма айхъуысæд, дæ исыл дын мачи бацин кæнæд... Бонæн йæ фæстагмæ, адæймагæн æрдзы раз йæ сæй- раг хæс зæххыл цард адарддæр кæнын у æмæ цард та зæнæг адарддæр кæнынц... Мæ фыдзæрдæ æвæстаг фæуæд, ме знагæн рухсзæгъæг ма баззайæд йæ фæстæ... Цы у мæ цард, цæуыл фы- дæбон кæнын?.. Фарон Бигуызæн бауайдзæф кодтон, зæгъын, уыцы фосмæ хуыздæр кæс, дæхиуæттæ цæуылнæ сты зылдцух? Æмæ мын зонд амоныныл схæцыд: ды дæр, дам, дæхи куынæ марис, уæд мæм хуыздæр кæсы, дæ бирæ даринæгтæ дыл куы- нæ кæуынц. Æхсæвæй, бонæй, дам, фермæйы цы баззадтæ... Ра- хъавыдтæн, зæгъын, йæ мукъутæ йын ныппырх кæнон, фæлæ куыдзы туджы йæ къухтæ чи тулы. Ныр Бигуызы цал хатты фе- нын, уал хатты йæ маргæйдзаг ныхас мæ зæрдыл æрбалæууы. Æвзæр дæлæмæдзыд цыдæр... Цæст ууыл нæй æмæ хъус, йæ къуыпрагъ хæссын нæ фæразы æмæ уый дæр мæныл хъуамæ ’ркъуыра йæ къуылых къах!.. Стæй, дам, хуыцаумæ дæр рæсты- тæ ис, æвзæр-æвзæрæй уымæн цыппар лæппуйы радта хуыцау, мæнæн та иу къуылых чызг дæр йæ цæст нæ бауарзта...». Иуæй-иу лæгæн йæхицæн куынæ вæййы зæнæг, уæд хъæбу- лы мондæгтæ искæйы сабитæй фæисы. Æппынфæстаг кæйдæр сывæллоны схъомыл кæны йæхицæн, уым æппындæр диссагæй ницы ис. Кæуыл фæфыдæбон кæнай, уый уарзыс, уæдæ цы. Ахæм адæймæгтæн цæрын æнцондæр вæййы. Фæлæ Агозæн ахæм хъуыды исчи куы загътаид, уæд æй æдылыйыл банымадтаид. «Сывæллон дæхицæн хъуамæ рацæуа, дæ туг, де стæгæй хъуа- мæ уа, дæ мыггаг дын хъуамæ адарддæр кæна, уый йеддæмæ исты дзаума у æмæ йæ æлхæнгæ кæныс... Нæй, алцæмæн дæр йæ ном йæ уæлæ ис: мад, фыд, хъæбул, хо, æфсымæр... Стæй та - кæнгæ мад, кæнгæ фыд, кæнгæ æфсымæр, кæнгæ фырт. Æмæ ном йæ нысаниуæг æххæстæй æвдисы... Кæд уа, уæд мæхицæй хъуамæ уа...» - афтæ хъуыды кодта Агоз æмæ йæ тæригъæд Къи- азойы. Куыста быдыркуыстгæнджыты бригадирæй. Йæхицæн царды фæндтæ уæфта. Дзадтионы ацыды фæстæ кæй хъуамæ ракуырдтаид, уый дæр ын агуырдгонд уыд, æцæг ын нырма ницы ской кодта... Æниу цæмæннæ хъуамæ сразы уа?.. Фæлæ хъуыддæгтæ æндæргъуызон рауадысты... Цæвиттон, æцæг Аго- зы бригадæн хорз æнтыстытæ уыд, фæлæ хæхбæсты колхозтæн
сæ сæйраг æфтиæгты ратæдзæн фосдарды фермæтæй уыд, æмæ Гуиргуинайы колхозы та фосдарды хъуыддаг разынд фæстæзад. Фермæгæс Бæдту йæхирдæм хорз зыдта, фæлæ ма дзы иумæйаг хъуыддагыл дæр батыхсын хъуыд, æмæ йæ ссæрибар кодтой. Колхозы правленийы æмбырды Къиазо фæндон бахаста, зæгъ- гæ, Агозы бæрны бакæнæм иумæйаг фос. Сæрдары ныхасыл ды’ууæ ничи загъта. Æниу цæмæн хъуамæ загътаиккой, уыцы хъуыддаджы хуыздæр ничи сарæхстаид. Агоз дæр, фосы куыст бирæ кæй уарзта, уыйадыл «нæ» нал сфæрæзта. Цалынмæ фермæйы райдыдта кусын, уæдмæ дæр дзæбæх зыдта Евайы. Хæххон чысыл хъæуы та кæрæдзи куыннæ зо- нынц. Рæсугъд, æгъдауджын, хæдæфсарм идæдз уыд, Агозæн йæ зæрдæмæ дæр цыд æмæ дзы æфсæрмы дæр кодта, фæлæ йæм æндæргъуызон цæстæй бакастаид, ууыл йæ фыны дæр никуы ахъуыды кодта... Æрбацыд фермæмæ Агоз, хъугдуцджытæ йыл схор-хор кодтой: - Ног хицау нын фæзынд! Фæрнæй нæм, цу!.. - Фенæм, кæддæра ды та цы хъару равдисис... - Равдисдзæн куыд нæ... Бæдтуйæ мын уый фæлæгдæр... Джидзæг кодтой сылгоймæгтæ, худтысты. Иунæг Ева лæууыд æнцад. Хаттæй-хатт-иу йæ был гæзæмæ фæзыхъхъыр кодта йæ сау къабайы æддейæ йæ сау кæлмæрзæн йæ уæхсчытыл - уæгъд æппæрст. Уыцы сауты йæ цæсгом ноджы миты хъæпæнау урс- урсидæй æрттывта. Цъæх цæстыты алыварс даргъ, сау цæс- тыхаутæ æрхъула кодтой, цыма уыцы дыууæ сыгъдæг, æрттиваг цады хъахъхъæдтой. Агоз сылгоймæгты хынджылæгмæ бахудт. Цыдæр куыд сцæй- дзырдта, афтæ Евамæ фæкомкоммæ æмæ фефсæрмы. Нал загъта йæ худæг ныхас саударæг сылгоймаджы цур... Алчи йæ куыст бакодта, стæй сæ хæдзæрттæм ацыдысты. Ацыд Агоз дæр. Афтæ уыд уый фæстæ бонты дæр... Хъугдуцджы- тæ æхсыр дыгътой, цыхт ахстой, фыййæуттæ фос хизынмæ скъæрдтой, Агоз алцæмæ йæ хъус дардта, алцы лæмбынæг хын- цыдта. Хынджылæг дæр кодтой, худгæ дæр, буцты сæр дзы кæм хъуыд, уым дæр фæстæ ничи лæууыд, ног хабæрттæ дæр бирæ дзырдтой. Цард йæ цыд кодта. Агозы зæрдиаг куыст фæзынд фермæйыл, фæфылдæр сæ бæркад. Кæдæм адавтаид адæмы фæллой! Нæдæр, давын ахуыр уыд, стæй йæ уый сæр дæр нæ ^^о-^х^ 247 -х^^с^©
хъуыд. Йæхиуæттæ ма æгæрдæр куы уыдысты. Куыст размæ кæй цыд, уый Агозæй æхсызгондæр никæмæн уыд. Æмæхсæвæджы- иу фæцæйзгъордта скъæтты ’рдæм. Уыцы райсом дæр нæма сбон и, афтæ йæ фосмæ базылд æмæ та фермæмæ фæцæуæг. Нырма хъугдуцджытæй ничи æрбацыд, фæлæ-иу фыййæуттæ æхсæв дæр уым уыдысты. Тота раджыстаг уыд. Зæронд лæг цъусдæр фæфынæй кæны. Сегасæй раздæр- иу уый сыстад, хъомтыл-иу йæ цæст ахаста, макæуыл сæ мацы ’рцæуæд, зæгъгæ. Агоз, хъугдуцджытæ æхсыр кæм фæрсыгътой æмæ цыхт кæм ахстой, уыцы чысыл хатæнмæ куы бацыд, уæд фехъуыст Тотайы хъæр: - Уæлæмæ сыст, фаджысы цы ныххуыссыдтæ! Агоз скъæтмæ рахызт. Тота Евайы хъуццыты бынтæ сæрфта. - Дæ райсом хорз, Тота! - Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд, мæ хур! - Цы фыдæбон кæныс, Тота, алчи йæхæдæг сæрфдзæн йæ хъуццыты бынтæ, - батыхст зæронд лæгыл Агоз. - Алкæй хъуццыты бынтæ нæ сæрфын, нæ, мæ хур. Мæнæ Евайæн æххуыс кæнын. Тæригъæд у, мæллæг, сидзæрты хицау... Хæдзары дæр ын бирæ фыдæбон ис. Мæхи чызг Аминæты хуызæн адджын мын у, Агоз, дæ рынтæ бахæрон. Стæй мын йæ фыд Парса дæр хæлар лæг уыд, уый æфсæрм дæр дзы кæнын. Сылгоймæгтæ иугай-дыгай цыдысты: - Уæ райсомтæ хорз! - Хæрз райсомтæ уыл цæуæнт! Цæугæ-цæуын кæрæдзийæн лæвæрдтой салам æмæ сæ хъуц- цытæм тындзыдтой. Хъомты бынтæ ныссæрфтой, стæй дуцын- мæ æрæвнæлдтой. Агоз та хатæнмæ баздæхт æмæ чи цас æхсыр æрдыгъта, уый йæхимæ фыста. Ева никуыцæй зынд. Устытæ сæ хъуццытæ дыгъд фесты, аф- тæ Никъала сæ уæлхъус æрбалæууыд æмæ ас лæгау салам радта: - Байриат, æмæ уæ донхъ Пронейы донæй фылдæр фæуæд. - Бакæсæд-ма исчи ацы дæргъындзæгмæ, мæнæ нæ куыд хынджылæг кæны! - бахудти йæм Азæ. - Æцæг куыд ныддаргъ и, цыма йæ йæ уачъийæ сивæзтой. Иууыл мæгуыр Къотъейы æнгæс у асæй, цæсгомæй. Уый дæр
бæрзонд, фидауцджын лæг уыд, рухсы бада, - уарзæгой цæст- æнгасæй каст Теблуен лæппумæ. - Дæ мад кæм ис, гыццийы хур? Цæмæ нæм æрбасхъæл дæ? - ахынджылæг та дзы кодта Азæ. - Гыцци рынчын у æмæ; дам, мын мæ хъуццытæ радуцут. - Уагæр æм цы рауад? - Йæ фарс срысти. Никъо афтæ, йæ игæр дам, у... - Цытæ дзурыс?.. - бадис кодта Козиан. - Гъо... Цæй, æз ацыдтæн мæ куыстмæ, - загъта лæппу æмæ фæцæуæг. Агозмæ гом дуарæй хъуыстысты йæ ныхæстæ, фæлæ цæмæн- дæр йæ бандонæй нæ сыстад, нæ сæм ракаст, йæ гæххæттытæм каст. Стæй лæппу дуармæ куы ахызт, уæд бæрзæй йæхигъæдæй рудзынджы ’рдæм азылд, йæ цæстытæ къæбæлдзыгсæр лæп- пуйыл аныдзæвдысты æмæ йæхинымæр сдзырдта. «Йæ фыдау бæрзонд æмæ уонгджын у æцæгдæр...». Теблуенитæ Евайы хъуццытæ дæр радыгътой, цыхтытæ ба- цахстой, мигæнæнтæ ныхсадтой æмæ се ’цыппар дæр Евайы уынынмæ ацыдысты. Агоз уыдонæй раздæр ацыд, кæд, дам, сæрдары къанторæйы баййафин æмæ бадзуриккам - скъæттæй сæ иуæн йе ’мбæрзæн ивинаг у æмæ цалынмæ зымæг не ’рлæууыд, уæдмæ йæ бацалцæг хъæуы. Цыди æмæ йын цыма цыдæр нæ фаг кодта, цыдæр æнæ- зонгæ сагъæс йæ зæрдæйыл стыхст. Къанторæйы Леуан иунæгæй бадт æмæ нымайæн къæбæлтæ къæрцц-къæрцц кодта. Агоз дуарæй бахызт. - Дæ бон хорз, Леуан! - А-а-а! Агоз, мæ хæлар, арфæгонд у арфæгонд! Кæм дæ, дæ хорзæхæй? Хуыбылон мын арахъхъ баныфсæвæрдта, фæлæ ды хæдзары куынæ уай, уæд Леуан иунæгæй баназа? - Дæхи нал æвдæлы нуазынмæ, Леуан, цы мæ аххос у арахъ- хъæй, фылдæр та цы ис, ды хорзæй исты зæгъ, æндæра... - Хорзæй дæр дын цæмæннæ зæгъдзынæн. Мæнæ уын уæ куысты фæстиуджытæ банымадтон æмæ зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæм æнтыстытæ уын ис, æфсымæр, æмæ ма уæдæ хæйрæг фестон! - дзырдта Леуан æмæ йæ урс рæсугъд рихитæ дæудты- тæ кодта.
Леуанæн йæ зæххытæ колхоз куы иста, уæд иу уæлдай дзырд дæр не скодта. Адæм кæм уой, æз дæр, дам, уым, æмæ куыд ахуыр лæг, афтæ йæ колхозы хынцæгæй баурæдтой. Куыста рæстæй, æцæг цæлуарзаг уыди, фæлæ уымæй йæ куыст никуы къуылым- пы кодта. - Уæдæ дын Хуыбылон кæд зæрдæ бавæрдта, уæд цом хъæмæ, йæ арахъхъ ын фенæм, - бахатыд æм Агоз. Куыддæр æй æрфæн- дыд нуазын. Мидæгæй, зæрдæйы цы афтиддзинад æнкъардта, уый исчердæм куы айсæфтаид... - Афтæ, гъе, мæ хæлар, лæг дæ æмæ лæджы митæ кæныс. Йæ гæххæттытæ бафснайдта, лагъз сæхгæдта æмæ рацыдысты. Зæронд Масикка къанторæйы асинтæ сæрфта, иуварс алæу- уыд йæ цъылынимæ. Леуан ын афтæ: - Масикка, кæд мæ сæрдар агура, уæд мæнæ Агозтæм уыдзы- нæн. Райсом æххормагæй рацыдтæн, къæбæр ахæрдзыстæм æмæ тагъд фездæхдзынæн. - Хорз, мæ хур, - бакодта ус, йæхинымæры та афтæ ахъуыды кодта: «Абон дæуæй пайда нал и, хорз у æмæ райсом æхсæвыцъæ- хæй райдайыс кусын æмæ развæлгъау дæ куыстытæ бабæстон кæныс...». Хуыбылон фынг авæрдта, кæрдзынтæ, цыхт, арахъхъ... Агоз карк дæр æрбаргæвста æмæ сын дзæбæх антыст. - Хуыбылон, дæ цæрæнбон бирæ, нæртон æфсин дæ, фæлæ чындзы кой бакæнут. Агоз, цалынмæ бинонтæ æрхæссай дæ- хицæн, уæдмæ ма кæд æз уæ хæдзары къæсæрæй мæ къах æр- бавæрон, уæд бæрзæйсаст фæуон, - сыкъа йæ къухы, афтæмæй дзуры Леуан. - Дæ нывонд мæ зæронд сæр, Леуан. Уыцы дзæбæх ныхасы тыххæй дын мæ нуазæн, - загъта Хуыбылон. - Цас ын лæгъстæ кæнын æмæ ницы кой кæны. - Цæй ныууадзут, уыдзæн уый дæр, - бакодта Агоз. - Баназ, Леуан! - Нæ, Агоз, æз уе ’хсæн хæларæй фæцардтæн, уæ зæрдæ мыл нæ бахуддзæн, никуы уæ никæй хъыджы бацыдтæн. Ныр дæр мæ уæ хорз фæнды... Уымæн дын зæгъын... Иу лæппу мын хуыцауы цæст куы бауарзтаид, зæххыл мæ хорзæй æндæр ницы хъуыд... Æмбарыс мæ, ацæудзынæн, ам нæ чи баззайдзæн, мæнæ аргъауы
куыд фæдзурынц: «Уыдис æмæ нæ уыдис».... Фæци мæ кой, мæ ном. Ничи зæгъдзæн: «рухссаг у, мæ фыд...» - йæ цæстытæ до- нæй айдзаг сты. Арахъхъ иу схæстæн анызта. - Уф, уф, куыд судзаг у Уæ минас бирæ, уæ бæркад æвидигæ, - загъта æмæ сыстад. - Кæдæм тагъд кæныс, дæ хорзæхæй, æрбад уал, - сбустæ йыл кодтаХуыбылон. - Нæ, бузныг, уæдта мæ исчи агуры. Агоз дæр йæ фæстæ ахызт. Ницы дзырдта. Леуаны ныхæстыл хъуыды кодта: «Æмбал ма, мын ис. Леуан базæронди. Мæнæн нырма... Ра- курдзынæн искæйы... Кæй?... Æмæ, гъа...». Леуан къанторæмæ фæраст, Агоз та, гал алы изæр дæр йæ хи- цауы хæдзармæ куыд фæцæуы, афтæ фермæйы скъæты ’рдæм араст. Хур аныгуылынмæ нырма дзæвгар хъуыд. Фæндаджы кæ- рæтты цы бæлæстæ аззад, уыдонæн сæ аууæттæ ныддаргъ сты æмæ суанг иннæ фарсмæ ахæццæ сты. Цыд Агоз уæлæмæ. Хур æй фæстейæ сырдта æмæ йын йæ фæсонтæ стæвд ласта. Арахъхъ дæр йæхион кодта æмæ йе уæнгтæ ’рлæмæгъ сты. Скъæтты цурмæ схæццæ. Акаст. Нырма змæлæг нæ зынд. Мидæмæ бацыд. Астæрдтæ сæрфт, сыгъдæг. Цыхтахсæн хатæны дуарыл бахæцыд. Æнæхъинцъæй байгоми. Хъугдуцджыты раздарæнтæ къулыл сфæйлыдта гом дуарæй æрбацæугæ дымгæ. Хъулон-мулон раз- дарæнтæй дымгæ сау раздарæн æвзарæгау ракодта æмæ йæ иннæтыл айтыгъта. «Евайы раздарæн! - цавæрдæр цины уылæн раивылд Агозы зæрдæйыл. Фæлæ уыцы уысм йæхиуыл фæхудт. - Цымæ дæм цæмæн афтæ æхсызгон фæкаст кæйдæр идæдзы раздарæн фе- нын? Диссаг дæ, мæнæуый. Нæ, диссаг нæ, фæлæ худæг... кæйдæр раздарæныл бацин кæн! Йæ мидбылты бахудт. Дуар рахгæдта æмæ скъæты фæрсты куы фæцæйцыд, уæд та йæ цæстытæ рудзынджы ’рдæм æнæба- ры фæзылын сты. Раздарæн æм нал фæзынд æмæ йæ цины равг æвиппайды зæрдæйæ æрбайсæфт. Цыма арахъхъы хъæстæ бынтондæр нæ фæци, афтæ æрæрвонг. Алцы уыцы ирдæй разынд йæ алыварс, сæры магъз кæрæдзи фæстæ нывæста хъуыдытæ. «Дзæгъæлы цы сафын рæстæг, ацæуон, уыцы æмбонд бадзæ- бæхтæ кæнон, æндæра та мын Хуыбылон изæры уайдзæфтæ райдайдзæн:
«Хуытæ цæхæрадонмæ хизынц... гæныстон æй фæкодтой... Цы ма йыл фыдæбон кæнын». Йæ хъустыл уадысты йæ мады зноны ныхæстæ. Агозы мад Ка- тины бинонтæй, сыхæгтæй алчи Хуыбылон хуыдта æмæ йæхи сывæллæттæ дæр афтæ фæцайдагъ сты... Уыцы изæр æмбонд бадзæбæхтæ кодта. Кусгæ-кусын дæр ууыл архайдта, цæмæй сау раздарæныл ма хъуыды кодтаид, фæ- лæ цас фылдæр архайдта, уыйас ноджы йæ цæстæй нæ хицæн кодта. Изæры æхсæвæрыл йæ мады æфсæрмæй иу-дыууæ комдза- джы ахордта æмæ цыма стыр уæззау куыст бакодта, ахæм фæл- мæцыдæй бахауд йæ уаты. Райсом та æхсæвыцъæхæй фестад, фермæмæ рацæттæ кодта йæхи, стæй йæ хъуыды аивта: «Колхозы сæрдары кæд райсомæй баййафа лæг къанторæйы, кæннод æнæхъæн бон нал бафтдзæн къухы. Уыцы скъæт афтæ куы баззайа, уæд азмæджы йæ цар ныккæлдзæн». Иучысыл куы ауад, уæд æй Леуан хуыфгæ-хуыфгæ баййæфта: - Дæ райсом хорз, лæппу! - Хуыцауы хорзæх дæ уæд, Леуан! - Куыд зыны, афтæмæй къанторæмæ у дæ фæндаг? - Къиазойы та агурын. - Райсомæй алы хатт дæр æрбауайы, мæ хур. Ныр дæр уым уыдзæн, уæдæ, цы. Иумæ бадзурдзыстæм, цы æмæ куыд, цас æр- мæг бахъæудзæн... - Дæ разы мын иу-дæс лæджы дыууæ-æртæ боны мæ бæрны бакæнæд, æндæр æй цы хъæуы: хъуари фаст дзы ис, иннæ æр- мæг, мæнæ хъæд нæ уæлæ куы ис, алцыдæр самал кæндзыстæм. Ныхæстæгæнгæ схæццæ сты къанторæмæ. Къанторæйы тыр- гъы Сауи, дыууæрдæм рацу-бацугæнгæ, тыфылтæ калдта: - Ай куырмыл нымайынц лæджы æви æдылыйыл?! Колхозы чи йæ туг калы, чи та æввонгæй искæйы хидвæллой хæры! - Цы кодтай, Сауи, афтæ хылгæнагæй дæ куынæ зонын? - ба- фарста йæ Леуан. - Цыфыддæр Бигуызы къуыпрагъ сæр! Хылгæнаг нæ, лæгмар дæр дæ скæндзæн!.. Ахæм диссаг ма искуы æрцыд - зад хуыммæ дæ фос хизынмæ баскъæрай? Кæд адæмæй не ’фсæрмы кæныс, уæд’хуыцауæй уæддæр фæаргъуц кæн! Дунескæнæг адæймагæн «Ф^-о^^^"252 ~х^о-^>
хæрынæн цы сыгъдæг къæбæр схай кодта, уый цæмæн сафыс. Бигуызы дæлæсин та бавдæлд æмæ йæ фосы уæ-лæ хъугомы дæлейæ цы нартхор тыд ис, уырдæм баскъæрдта. Хæргæ цы ба- кодтой, уый бакодтой, дыууæ-æртæ ахæмы та дзы сæ къæхты бын ныссæстой. Бигуызы коймæ Агозæн йæ цæсгом ныттар, фæлæ зæгъгæ ницы кодта. Бигуыз зыгъуыммæ зонды хицау кæй уыд, уый хъæу зыдтой, фæлæ йæ фарон зымæджы Агоз фермæйæ кæй фæ- тæрын кодта, уый тыххæй алы хатт дæр йæ мидхъуыдыйы йæхи азымджыныл нымадта: «Ме ’нæуынон кæй уыд, уымæн æй атардтон фермæйæ, æн- дæра иу хосы цъери адавта, уымæй колхозы фос куынæ фесæф- тысты, - уæд та ахъуыды кодта. - Кæсыс куыд саузæрдæ у, куыд сафы адæмы фæллой?.. Нæ, раст бакодтон, уæд хосы цъери адав- та, ныр нартхоры хуым бахæрын кодта, сом та уымæй фыддæр исты сараздзæн...». - Уый, мæ хур, фыдракæнд у! Чи дын у æвдисæн? - бафарста Леуан. - Мæнæ мæхæдæг! Мæхæдæг æй баййæфтон æд фос хуымы. - Хъуамæ бафида, цы разнаггад кодта, уый. - Фидгæ нæ, æрцахсын кæнын æй хъæуы. Бирæгъ йæ кæнон нæ уадзы. - Уæ райсомтæ хорз! Кæй ахсын кæныс, кæ, Сауи? Абырæг нæ кæд ничи алыгъд? - Къиазо мидæмæ æрбахызт æмæ мидбыл- худгæйæ йæ урс дæндæгтæ ферттывтой. Иæ худ систа æмæ ’рбад- ти. - Бадгæ ’ркæнут, лæугæйæ цæмæн дзурут? Цы ’рцыд, цы уыд, мæнæн дæр æй бамбарын кæнут. Лæгтæ салам куы загътой, уæд Леуан сæрдарæн, Сауи цæуыл маст кодта, уый радзырдта. - Уæдæ дæумæ гæсгæ барæй баскъæрдта йæ фос Бигуыз æнæкарст хуыммæ, Сауи? - Барæй, уæдæ сæ Уацилла фæхуыдта! Кæд сæ барæй нæ баскъæрдта, уæд йæхæдæг дæр уым куы лæзæрди, уæд сæ цæ- мæннæ расырдта? - Ацæуæм, фенæм хуым æмæ акт саразæм, - уæззаугай бакод- та Къиазо. х - Цæй актытæ кæныс, Къиазо? Алкæмæн ды стæригъæдгæнæг вæййыс. Æрцахсын кæнын æй хъæуы, æрцахсын! Уый ахæстоны
цъус куынæ абада, уæд афтæмæй нæ базондзæн, адæмы ’хсæн куыд цæрын хъæуы. Куыдзы хуызæн, куы цы саразы, куы цы, æмæ йын йæ мады æхсырау батайынц... - нал æнцади Сауи. - Цæй, йе ’рцахсынæй ныл цы бафтдзæн. Йæ цыппар сы- вæллоны йын дарын нæ хъæуы, чи сæм кæсы? Нæхæдæг æй иумæйаг æмбырды бафхæрæм, - сабырæй та загъта Къиазо. «Ай дæр та йæ лæппынты сæрылхæцæг...» - Агозы зæрдæ ба- цагайдтой сæрдары ныхæстæ. - Йæ сывæллæттæ дæр йæхи хуызæн зыгъуыммæ рацæу- дзысты, æндæр цы! - Уæдæ йæ дæ зæрды амарын ис? Ницыæмбарæг у æмæ йын сабырæй зæгъæм. Стæй ма кæд искуы исты, уæд та... - йæ ныхас кодта сæрдар. - Хъыг дæм ма фæкæсæнт, Къиазо, фæлæ иууыл дæ фæлмæн зæрдæйы коммæ ма кæс, æндæра иуæн ныббар йæ фыдра- кæнд, иннæмæн æй ныббар æмæ ма уæд нæ хид цæмæн калæм, магусатæ æмæ къæрныхтæ дæр колхозы хæрзиуджытæй намыс- джын колхозонты æмсæр куы пайда кæной? - Цæй, иу сахъатджын бинонты ’хсæн дæр вæййы, Сауи, Би- гуыз цас хъомылкæнинаг у, æнæхъæн хъæуæй уымæн зонд ба- цамоныны фаг куыд нæ суыдзыстæм. - Зыкъуыритæ бæласы фæрæты йеддæмæ ницы сраст кæн- дзæн! Цы уæ фæнды, уый кæнут! - сыстад Сауи æмæ ацыд. - Цæй, ныр уымæ хъус, уæд уыцы мæгуыр лæджы сыбыры хай хъуамæ фæкæнон, - загъта Къиазо æмæ Агозмæ бакаст. - Ды та цы зæгъдзынæ? - Скъæттæй иуæн йæ цар бамбыд æмæ йæ куынæ раивæм, уæд азмæджы ныккæлдзæн. - Мæнæ куыддæр хосдзаутæ æфцæгæй æрцæуой, афтæ дын уыцы бригад ратдзынæн æмæ дæ хъару æмæ дæхæдæг. Хъæд- æрмæг нæм ис, хъуари дæр. Фæцырдкæнынæй та дæумæ мæ зæрдæ не ’хсайы, - хæлар цæстæнгасæй йæм бакаст сæрдар. - Уæдæ уал æз цæуон мæ куыстмæ, - сыстад Агоз. - Æз та районмæ цæуын. Сæрдар æмæ Агоз кæртмæ рахызтысты. - Агоз, Сауи мын Бигуызы кæй ахсын кæны, уый дæм куыд раст кæсы? Цæмæннæ исты загътай? Æви йæ фермæйæ кæй фæ- тардтай, уый тыххæй ницыуал дзурыс?
- Адæймагæй æвзæр хъуамæ ма зæгъай, фæлæ нæ зонын. Би- гуыз хорз лæг нæу. Кæмæн цы æвзæрдзинад сараза, ууыл арха- йы, - чъызгæ загъта Агоз. - Фарон ын батади уыцы цъери, ныр та фыддæр бакодта, хорзæй йæм мацæмæ æнхъæлмæ кæс. - Иумæйаг æмбырд саразæм æмæ йæ уым аскъуыддзаг кæ- нæм, - загъта Къиазо æмæ ахицæн сты. Агозы ссыдмæ сылгоймæгтæ хъуццытæ дыгъд фесты æмæ æхсыр фæрсыгътой. - Ацы хатт æгæр афынæй дæ, нæ цытджын хистæр! - куыд- дæр цыхтахсæн хатæны дуарæй бахызт, афтæ йæм Азæ фæцыр- ди. Йæ сау цæстытæ фырцинæй хуры æрттывд фæкодтой. - Æрбауадз уал лæджы мидæмæ, - бахудти Кеке, - цавæр къæппæввонгæй йæм лæууыдтæ. - Уæ райсом хорз, - æнæбары бакодта Агоз. - Бузныг. Цавæр æрхæндæг салам радтай, кæд æй дæ цæст нæ уарзы, уæд æй фæстæмæ ахæсс. - фелхыскъ та йæ кодта Азæ. - Дур æрзайæд де ’фсæртыл, ды ма де ’взаг иуран куы руа- дзай, - бауайдзæф ын кодта Теблуен. Агоз ахуыр уыд Азæйы хъазæн ныхæстыл. Хатт, нæлгойма- джы цур цы нæ ’мбæлы, ахæм хъазæн ныхас дæр-иу дзы сирвæзт, фæлæ Азæйæ ахæмтæ никæмæ хъыг кастысты, стæй йыл цыма фидаугæ дæр кодта. Ахæм хъазæгой-ма уа, уый ’нхъæл та дзы уæвгæ ничиуал уыд. Фондз азы размæ нырма йæ мой амарди, стæй йын гуыбыны цы сывæллон баззад, уый та йын мардæй ^айгуырд. Уымæй афæдз куы рацыд, уæд йæ цæгатмæ æрыздæхт. Иæ мад Тыджион уæддæр йæ чындзимæ нæ фидыдта æмæ ныр йæ идæдз чызгимæ хицæнæй цардысты. Азæ хъугдуцæгæй куы- ста, йæ зæронд мад та хæдзармæ каст. Ныййарæджы стыр маст - йæ чызг ма амонд куы ссардтаид æмæ иунæгæй куы нæ баззаид... ...Агозмæ устыты хъæлæба куыддæр цыма дардæй хъуыст. Уыцы чысыл хатæны цыппарæй сæ микæнинæгтимæ бацах- стой, фæлæ^Агозмæ æгæр афтид дæр каст. Абон Азæйы худæг ныхæстæм йæ был дæр нæ базыхъхъыр кодта. Чысыл алæууыд æмæ ацыд. «Æмбарын дæ, цæмæн уæнгмардæй рацу-бацу кæныс ацы дыууæ боны. Мæ зæрдæ мæ нæ фæсайдзæн. Ахæм цæстæнгасæй фæкæсыс Евамæ æмæ дæ цыфæнды сывæллон дæр базондзæн, кæй йæ уарзыс... Мæн та... Цæмæй къаддæр дзы дæн, асæй, уын-
дæй, хъаруйæ?.. Саулагъз кæй дæн? Уыцы мæгуыр мæ уымæн куы уарзта: - Мæ сауæрфыг, мæ сауцæст мæ куы хуыдта... Нæй. Агоз, Ева дæуæн ницы къух ратдзæн, æртæ лæппуйы мад у. Стæйдæр уыцы дохтыры разæй дæуæн нæ бакомдзæн. Никъо зæрондго- мау у, фæлæ дæ хуызæтты нырма йæ разæй нæ ауадздзæн...» - хъуыды кодта Азæ. Абон æй фидарæй бауырныдта, Агоз Евайы кæй уарзы... Абоны онг Агоз дæр æххæстæй не ’мбæрста, цæмæн афтæ тынг уарзта фермæйы, цæмæн афтæ зæрдæрайгæ-иу сæм фæцæй- уад алы райсоь!.. Бамбæрста йæ... Бамбæрста нæ, фæлæ йæ ба- уырныдта... Æмæ йæ зæрдæ æнæзонгæ рыстæй йæхи къултыл бахоста. «...Уарзын æй?.. Цæмæн?.. Цы бар мын ис?. Цы мын ратдзæн ацы уарзт?.. Хъуамæ уарзай хи мад, хи фыд, хо, æфсымæры... Дæ хицæтты дæр хъуамæ уарзай, дæ туг де стæг сты... Хъуамæ уарзай дæ удыхайы...» «Уарзтон Дзадтионы?..». «?!». «...Æнæуарзгæ йæ нæ уыдтæн, фæлæ... Рæстæг куыд цыд, афтæ тади миты къуыбарау нæ хорз ахаст... Гъо, фæхæст ыл дæн! Не ’хсæн æрмæстдæр хорз ахаст уыд... Хорз ахаст... Æмудæй, сабырæй цардыстæм, хæдзар кодтам... Хорз сылгоймаг уыд. Фау æрхæссæн æм нæ уыд... Уæдæ йæ ацыд цæмæн афтæ æнцонæй сфæрæзтон?.. Цыдæр ын нæ фаг кодта... Æнхъæл дæн, сылгой- маджы фæлмæндзинад, уарзæгой зæрдæ». «Æви йын зæнæг кæй нæ рацыд, уый»? «Уый дæр...». «Зæнæг фидар рæхыс у æмæ дæ ныббастаид дæ сывæллæтты мады къабайыл?!». «Нæ зонын... Ницы зонын... Фæлæ уæды æнкъарæнæн ныры æнкъарæнимæ абарæн нæй... Иу мур дæр нæ... Æгæр кæнын?.. Нæ зонын... Уæдæ цæмæн афтид у мæ зæрдæ? Цæмæн афтид мæм фæкаст фермæ? Цæмæн уарзын кæйдæр идæ- дзы, кæйдæр сывæллæтты мады?.. Æртæ фырты мады?.. Стыр лæппуты мады?.. Цæмæн æй бауарзтон æдых, гæлæбуйы хуызæн уæздан сылгоймаджы? Бафу йыл кæн, уæд уæлдæфы стæхдзæн... Цыма цæугæ нæ фæкæны, фæлæ уæлдæфы фæленк кæны... <Ф^о^^ 256 ~х^^4©>
Æртæ боны рафт-бафт кæнын... Мæ цæстытæ йæ агурынц, усгур лæппуйау, мæ уачъи ивазын æмбонды сæрты, кæд ыл мæ цæст схæцид... Цы зæгъдзысты хъæубæстæ?.. Хъæубæстæ?.. Иæхæдæг цы зæгъа, уый у сæйраг...». Дзæвгар рæстæг рауад, фæлæ дзургæ нæ, рæстмæ бакæсын дæр æм йæ цæсгом нал хъæцыд. Архайдта, бирæ фæцархайдта, цæмæй йæ зæрдæйæ сæппæрстаид Евайы фæлгонц, фæлæ сы- вæллонæн макæ куы дзурай æмæ уый та фыддæр куыд кæна, Агозы зæрдæ дæр афтæ ныццæхгæрмæ, нал кас йæ коммæ... Æмæ уыцы изæр раргом йæ зæрдæйы хъизæмар, раргом æмæ кæд ныфсы мур дæр нæ фæхатыд, уæддæр цыма йе рагъæй цыдæр уæззау уаргъ ахауд, ахæм сæрибар улæфт скодта. Цыма хъуыддагæн йæ зындæр хай бакодта, афтæ йæм фæкаст... Дис- саг, йе ’нцойад ын цы сæфта, уый зæгъын куы сфæрæзта, уæдæй фæстæмæ йæхи Евайыл барджындæр нымадта. «Зоны йæ, уарзын æй, мæн у æмæ...». «Æмæ цы? Чердæм дæу у?» - фæныхæй-ныхмæ сты зонд æмæ зæрдæ. Фæлæ уæддæр бирæ сæрибардæр æнкъардта йæхи, цы- дæр æнæфæлгъаугæ циндзинад йе уæнгты хъазыд æмæ йæ алы- варс алцы уыд рухс, рæсугъд хъæлдзæг. Евайæн та уыцы изæрæй фæстæмæ йе ’нцойад фесæфт. Тас æмæ дзы маст бауагъта, уыцы изæр Агозы дзыхæй цы фехъуыс- та, уый... Тарст йæ номæн, йæ сыгъдæг намысæн... «Тас, дам, асаст, нæ асаст, уæддæр рахауд, æмæ йæ хъæр фæцыд, - уый мæ куы айхъуыса мæ разы кæй бабадти, уæд ацу æмæ дæхи рæстытæ кæн... Дæ уды рæстдзинад кæмæн бауыр- нын кæндзынæ! Исты мæ куы айхъуыса, уæд мæ мард йæ ин- гæны дæлгоммæ æрзилдзæн... Ам та мæ лæппуты зæрдæтæ фæрисдзысты... Куыд мæм бауæндыд, куыд... Ныр идæдз дæн æмæ æнæхицау дæр дæн? Æртæ фырты æмæ мын æфсымæр куы ис... Æниу мæм ме ’фсымæр афæдз иу цыд дæр куынæ скæны. Ех, куыд мæгуыр дæ, æнæгæрыхицау, идæдз сылгоймаг, куы... 0, фæлæ дæумæ куыд æдых кæсын, Агоз, афтæ дæр нæу хъуыд- даг. Нæ! Дæуæн хæзгулæн чи сбæзза, ам дын ахæм сылгоймаг нæй. Уæндгæ мæм куыд бакодтай, уæндгæ?.. Дæ ныфс мæм куыд баха- стай?! Цы зæгъдзæни Никъо, куы йæ базона, уыцы изæр дæуæй ралыгътæн, уæд? Куыд ын бауырнын кæндзынæн, æз кæй ницы аххосджын дæн?..
Цымæ Никъойы бауырныдта, Бежан рынчын кæй уыд, уый тыххæй лыгътæн?.. Нæ... Цыдæр фæхатыд, фæлæ, зондджын лæг у, ницы загъта...» Никъо... Никъо фыццаг фæдызæрдыг, зæгъгæ, цæмæн удаис- тæй лидзы иунæгæй талынджы. Фæлæ йын йæ фæстæ цæуæг куынæ бафиппайдта æмæ Ева уыцы æхсызгондзинад æвдисгæ йæ риуыл куы бахауд, уæд йæ дызæрдыгдзинад æвиппайды фæ- тары, стæй ма хæдзармæ бахизгæйæ, Бежаны хуысгæйæ куы баййæфтой, йæ дызæрдыгдзинад бынтондæр уæд фесæфт. - Уый та цы ’рымысыдтæ, мæ зондджын лæппу, цавæр уаты ратул-батул у дæуыйас лæгæн? - хъæлдзæгæй бацыд Бежанмæ Никъо. - Ныртæккæ стгæ æмæ нæхимæ цæугæ! - Мæнæ ма гыцци тыхæй схуыссын кодта, тæвд, дам, дæм ис, æндæра... - йæхи раст кæныныл схæцыд лæппу æмæ йæ дзау- мæттæм бавнæлдта. - Цæмæ ма сæ кæныс, ныр фынæй афон куы у, - загъта йын мад. - Æмæ нæхимæ бафынæй кæндзыстæм, - Никъомæ кæсгæйæ загъта Бежан. - Кæс ды амæ?! - бадис кодта мад. - Ха-ха-ха! - ныххудти дохтыр, - Раст дæ, мæ зондджын лæппу, æз æмæ ды нæхимæ бафынæй кæндзыстæм. Æрмæст уал нын дæ мад къæбæр куы ахæрын кæнид, æндæра райсоммæ æххормаг гуыбынтæй куыд бафæраздзыстæм. Ева фынгыл цыхт, кæрдзынтæ æмæ хъуырауыдзаг мисын æрæвæрдта. Никъо къустæм мисын кæнгæ куы ауыдта, уæд бацин кодта: - Паддзахы аккаг æхсæвæр нын æрæвæрдта, паддзахы аккаг! - Куыннæ, куыннæ! - бахудти Никъала. - Туаг мисын нын не ’вгъау кæны, цыма нын нæлхæ нæ гуыбынтæ фæриссын кæндзæн. Никъала ног нæлхæ йæ мисын тæдзгæ тынг уарзта æмæ-иу ын мад дæр алы хатт лæвæрдта, фæлæ фæстаг рæстæджы царвыл ауæрста. - Цалынмæ урсы къуырийы хъуырау байдзаг кæнон, уæдмæ царвæй уæ гал æгæвдæс, - бахудти Ева. - Цæй, рахæсс дзы иу чысыл, мæнæ Никъо ахæра, æндæра æз райсом дæр асдæрдтон, - хинæйдзаг каст бакодта Никъала Ни- къомæ.
- Ногцагъд нæлхæ бæгуыдæр хорз у, фæлæ фынæйы размæ мисын хуыздæр у, - æфсины æвварс рахæцыд Никъо. - Райсомæй та тæвд æхсыр. - Куыннæ... Райсомæй та нын хъарм сылы фæдæтты гыцци, - нымудзынмæ фæци Сосо. - Кæсæд ныр адонмæ исчи, - йæ мидбыл бахудти Ева. - Уæр- тæ хутъа цыдæр, æдзух хæбизджын, хæбизджын куы кæныс, уæд æнæцыхтæй рæзы хæбизджын? Цыхт дæр хъæуы бацахсын, уæдæ цы дæ зæрды ис. Стæй сылы хъыбылы куы нард кæны, уæд дæуæн цы хъуамæ рахъыг кæна! - Хæбизджынты кой дæр рагæй хъусын, фæлæ... - загъта Ни- къала. - Сабаты, сабаты, мæ лæппу, - баныфс ын æвæрдта Ева. - Уæдæ, Никъо, сабаты макуыдæм сфæнд кæн, гыццийы конд хæбизджынмæ паддзахы комыкъулты дон дæр æркæлдзæн, - ба- худти та Никъала. Афтæ хъæлдзæгæй бахсæвæр кодтой нартхоры кæрдзын æмæ мисынæй, стæй Никъо сыстад. - Цом, Бежан, нæхимæ бафынæй кæнæм. - Ахсæв ам уæд, æххæст радзæбæх уа, - загъта Ева. - Мæнæй æппындæр ницыуал риссы. Ацæуæм, Никъо. Æцæг зæгъын, ницыуал мæ риссы, гыцци, - лæгъстæмæ фæци Бежан. - Рауадз æй. Нæ хъуыддаг нæхæдæг зонæм, - лæппуйы сæрыл йæ къух æрхаста Никъо. - А, уæдæ... - ницыуал сфæрæзта мад. - Хæрзæхсæвтæ раут, - загъта Никъо æмæ Бежанимæ къæ- сæрæй ахызтысты. 21 Хъæусовет колхозы правлениимæ бадзырдта æмæ мæгуыр Бетионы хæдзары медицинон пункт бакодта. Зæронд усæн иæ удæгасæи нæ бантыст йæ хæдзар æмæ йæ бынтæ Бежаныл ныффыссын. Æнæсфидаргæнгæ та сæм чи цы бар дардта. Йæ фосы муртæ иæ марды кæндтæн бахъуыдысты, хæдзары та цæрæг, змæлæг нал уыд æмæ дзы ныр иу хатæны дохтыр рын- чынты иста, иннæ хатæны та йæхæдæг цард. Уыцы хатæны
Бежан фæстаг æртæ азы Бетионмæ фынæй кодта. Ныр дæр уæды хъæдын сынтæгыл хуыссыд, Никъо та - йæхи æрбаласгæ æфсæйнаг сынтæгыл. Ацы изæр тынг хъæлдзæг æнкъардта йæхи дохтыр, цыма йыл цыдæр стыр хорзæх æрцыд, йæ зæрдæ цинæй байдзаг, афтæмæй хатæны рухс ссыгъта. «Цымæ цæуыл цин кæнын? - афарста йæхи. - Ева мын мæ ри- уыл иу уысм йæ сæр кæй бакъул кодта, уый мын радта ацы æгæрон æхцондзинад... - Басаст йæхицæн æмæ сæфсæрм. - Ца- фон ма?». - Æндæрæбон уырыссаг æвзагæй «фондз» райстон, æмæ мын ахуыргæнæг афтæ, дæ дохтыр, дам, иннæтæн дæр куы амонид, - йæ хъуыдытæ йын фескъуыдта Бежан. - Цы, дам, цы?! - Дохтыр, дам, иннæтæн дæр куы амонид. Æмæ, зæгъын, дох- тыр ахуыргæнæг у?.. Уæд ма рынчынтæн та чи хос кæндзæн? Æз ын... - Æмæ?.. Фæхъыг дæм ис?.. - Нæ... Бахудти. Дæхи, дам, æй бакодтай. - Æмæ?.. - Бигуызы лукъафындз Цамел йæ хъози дæндæгтæ ныз- зыхъхъыр кодта æмæ мын афтæ: «хорз фыд, дам, дын ссардта дæ мад»... Æз дæр æй афтæ ныттыссæг кодтон æмæ тугомынтыл фæци... - Дæхиуыл дзы ницы æрхауд? - Куы мæ асхуыста, уæд мæ сæр къулыл ныццавтон, æндæр ницы... - æппæлыди Бежан. - Уæдæ дæ сæр уымæн рыст? - 0, фæлæ мын ныр нал риссы. - Гыццийæн уыцы хылы хабар радзырдтай? - Нæ... - Нæдæр хъæуы... Тæригъæд у... Æдылы Цамелы ныхæстæ та дæ зæрдæмæ ма бахæсс. Уый цæмæй зоны, дæ мады æфсымæр Таймураз ме ’рдхорд кæй у æмæ ме ’рдхорды хо та мæ хо дæр у... Бамбæрстай, мæ зондджын лæппу? - Бамбæрстон... Гыцци дæ хо дæр у, æмæ мæнæн дыууæ мады ’фс’ымæры ис, - хъуыдыгæнгæ загъта лæппу.
- 0, афтæ... Мæ лæппу уыдзынæ. Скъола хорз нысæнттимæ фæуыдзынæ, стæй дæ горæтмæ акæндзынæн, уæлдæр ахуыргæ- нæндонмæ дæ барвитдзынæн æмæ дæ ахуыр лæг рацæудзæни... - Мæн дохтыр фæнды... - Гъомæ, хорз. Ныр бафынæй кæнæм, фæллад дæн. Бежан хъæццулы йæхи стыхта æмæ фынæй кæныныл ацар- хайдта, фæлæ йæ хъуыдытæ сæ фæстæ асайдтой: «Уæдæ мæхи Тамуйы æрдхорд дæ... Тамуйы æфсымæр.. Æмæ уæд гыцци дæр дæ хо у... Ды та мæ мады ’фсымæр... Фырцинæй тырыкк-тырыкк кодта лæппуйы чысыл зæрдæ. - Дохтыр мады ’фсымæр нæ хъæуы лæппутæй æппындæр ни- кæмæн ис... Нæ хъæуы нæ, фæлæ æнæхъæн комы дæр... Кæдæм æй нæ акæнынц мæхи Никъойы æмæ уымыты дохтыр куы уаид, уæд ма йæ цы фыдæбонæй мариккой... Лукъафындз Цамел мæм хæлæг кæны æмæ уымæн æрымысыд: Хорз фыд, дам, дын ссард- та дæ мад... Æз дын фыд фенын кæндзынæн, куыдзы хуызæн! Ис- куы ма йæ кой дæр скæн... Афтæ дæ ныссæпъæн кæндзынæн, дæ мад дæр дæ куыднæуал базона... Фидиссаг цыдæр... уый дæр искæуыл худы...», - йæхинымæры хыл кодта лæппу йе ’мкъла- сонимæ, афтæмæй афынæй. Бафынæй фæндыд фæлмæцыд Никъойы дæр. Æртæ боны дæргъы кæмыты нæ уыд, цал æмæ цал хъæуыл не ’рзылд. Хъæусоветы кусджытимæ иумæ æмбырдтæ уагътой, адæмимæ ныхас кодтой, ног цард аразыны хъуыддаджы бирæ æнæмбаргæ фарстытæ æвзæрд колхозонтæм, хыл, хъаугъатæ дæр-иу дзы рауад æмæ уыцы уавæр цæмæй ма сытынг уыдаид, уый тыххæй партион кусджытæ æмбаргæ активисттæн адæмы ’хсæн агита- цион куыст бахæс кодтой. Никъойы раздæр революцийы фæуæлахиз нæ уырныдта, фæлæ иугæр йæхи цæстæй куы федта, мæгуыр адæмы бон цы баци,^уый, уæд иузæрдионæй æрлæууыд кусæг адæмы фарс, æмæ йæ бон цы уыд, уымæй йæхиуыл нæ ауæрста. Хъæуты рацу-бацуйыл ахуыр уыд, фæлæ ныр раздæрæй æнæзивæгдæрæй цыд. Йæ зæрдæ ради, цин кодта, афтæ тагъд кæи бамбæрстои адæмæн сæ фылдæр колхозон царды хорздзи- над. Æцæг раздæр, мæгуыртимæ абаргæйæ, хуыздæр чи цард, уы- дон змæстой, мах, дам, колхозмæ фылдæр бахастам æмæ æппын чи ницы бахаста, уый дæр мах æмбæрц исы иумæйаг исадæй,
зæгъгæ. Раст уыдон хуызæттæн хъуыд лæмбынæг бамбарын кæнын колхозон цард. Уыцы хъуыддаджы хорз агитатор уыд Никъо. Ныхасмæ рæвдз, фæлæ дзæгъæлы дзурын нæ уарзта, цы дзырдта, уый - карды лыгау. «Зноны æфхæрд зæхкусæг абон хицауы зæрдæ дары алцæмæ, иумæйаг хъуыддагыл зæрдæсудзгæ у æмæ иузæрдионæй арха- йы, кусы... Хъуыдытæ сæхигъæдæй ленк кодтой сæры. - Зы- гъуыммæ зонды хицæуттæ дæр бирæ ис зæххыл, хорз дын ара- зой æмæ йæ ма ’мбарай, уый хъыгаг у уæдæ циу?.. Таймураз мын цы Гæбæраты Сардойы кой кодта, уый мæ ди- сы баппæрста. Цæйнæфæлтау йæ мулк колхозмæ бахастаид, фæлтау йæ фысы дзуг иу бон ныццагъта, йæ хоры къæбиц ба- сыгъта. Адæм ын æй йæ цæстмæ куы бадардтой, уæд, дам, сын афтæ зæгъы: «мæ фырт, дам, революцийы тыххæй бабын, ныр та, дам, мын мæ тугвæллой байсынмæ хъавут. Цы, дам, мæм нык- комкоммæ стут. Кæмæй уæ цы байстон, кæмæй уæ цы дарын?! Мæ фæллой, дам, судзгæ кæнон æви йæ доны калон, чи, дам, уæ фæрсы... Ацу æмæ ахæм лæджы зондæй бафæрс... Йæ фырты мард та, Таймураз куыд радзырдта, афтæмæй цыдæр дызæрдыггаг у... Цы агуырдта уыцы ’хсæв Гуиргуинайы Тегæ? Чи фехста йæ раз- мæ ’хсæв Тамуйы? Таму куыд зæгъы, афтæмæй Ирбег йæ мады фе- ныны фæнд кæй кодта, уый Тегæ æмæ Таймуразы йеддæмæ ни- чи зыдта. Тегæ уыцы ’хсæв æмбырдмæ не ’рбацыд... Цæмæннæ?..» Æваст йæ цæсты раз зæронд ныв сноги: ацы хатæны сынтæ- гыл хуыссы Ирбег, йæ фарсмæ бады зæронд ус, æдзынæг кæсы йæ фырты мæрдон фæлурс цæсгоммæ. ...Стæй йæ хъустыл аныдзæвд нымæг, хырхыргæнаг хъæлæс: «Хо-о-о-орз у. Дæ цæ-сс-ыг мыл кæ-лы...». Талынджы хæрз гæзæмæ ферттывта Евайы æндæрг... «Цæмæн загътаид уыцы хъуымызбыл лæппу ахæм ныхас? Æвæццæгæн æй хистæртæй фехъуыста... Уæдæ хъæуы дам-думтæ кæнынц...». Дохтыры зæрдæ цыдæр фелхыскъ кодта. - «Дам-дум- тæ?.. Цæмæн, цы сын ракодтон?.. Ницы, бынтондæр ницы... Сы- вæллæттæ... Æмæ алкæйы сывæллæтты дæр куы уарзын... Канд Евайы сывæллæтты нæ... Уый тыххæй цы азымаг дæн?». «Сывæллæтты бирæ уарзыс, фæлæ алкæйы сывæллæттыл нæ тыхсыс, алкæуыл нæ узæлыс...». О^о^/-262 х^о-^
«Алкæуыл æз кæм аххæсдзынæн... Куыд дохтыр, афтæ дзы æххуысцух никуы никæйы ныууагътон...». «Уæддæр дын ис цыдæр аххосаг»... Зонд æмæ та зæрдæ фæбыцæу сты... «Гъо, ис аххосаг... Ис... Мæхи Мзиайы хъæлæс... Уыцы хъæлæс мæ ивазы йæхирдæм... Диссаг уыцы хъæлæс, уыцы худт, уыцы фæлмæнтæ ахаст куыд радта æрдз æндæр адæймагæн?.. Куыддæр Ева сныхас кæны, афтæ уыцы мæгуыр цыма мигъ- тæй раленк кæны, мæ разы æрлæууы æмæ æз - æхсай азмæ ’ввахс кары лæг ме ’взонджы рæсугъд бонты фенкъарын мæхи... Гъе, уый у... Æндæр ницы... Æндæр куыникуы ницы æрцыд не ’хсæн. Чи йæ зоны, куы йæ куырдтаин, уæддæр мын сразы уыдаид? Гъа-да-гъа!.. Уый дæр йæхи удæй фылдæр куы уарзта йæ уды- хайы. Адæм та... Кæй цæмæн бахъуыд ахæм тугтæ æрымысын?.. Чи фæриссын кодта чысыл лæппуйы зæрдæ? Чи зоны Никъалайы хъустыл дæр æрцыд, уæд... Худинаг у... Ардыгæй ацæуин æмæ... Ацы лæппуйыл афтæ фæцахуыр дæн... Æнæ уый мын зын уыдзæн. Нæ, алцыдæр закъонмæ гæсгæ сфи- дар кæнын хъæуы. Мæхицæн æй схъомыл кæндзынæн. Адæй- магæн хъуамæ исчи уа, искæуыл хъуамæ тыхсай... Æртæ азы фæс- тæ астæуккаг ахуыр фæуыдзæн, горæтмæ ацæудзыстæм æмæ йæ мединститутмæ бакæндзынæн...». «Ома ацæуат?..». «Ацæудзыстæм! Лæппуйæн баныфс æвæрдтон. Лæг хъуамæ йæ ныхасы хицау уа...». Йе стыр уаргъ цыма иу æрриуыгъдæй ахауд, уыйау сæриба- рæй ссыд йæ хуыр-хуыр... 22 Сылгоймæгтæ дыгæйттæ-æртыгæйттæй цыдысты Падоты кæртмæ. Арфæ кодтой фысымæн æмæ сæ хуынтæ къæбицгæсмæ лæвæрдтой. Кæрты иу къуымы цалдæр агæй дзидзайы æхцон тæф калд. Лæппутæ даргъ уæхстытыл физонджытæ кодтой æмæ сæ хъæлдзæг ныхас, сæ худынæй бæстæ сæ сæрыл истой.
- Дæ фырты æнæусæй уæдмæ фæдардтай, цалынмæ йын ху- ры чызджы нæ ракуырдтай, - худгæ атыхст Гассионы ’фцæджы Азæ, - амондджыны хъуыддаг уын фæуæд, мæ хур. Дæ чындз дæр уæхимæ гæсгæ - уæздан, рæсугъд, ахуыр, нæ комы фидыц, - йе ’ппæлынæй нал æнцади мæлгъæвзаг сылгоймаг. - Бузныг, дæ фæхъхъау фон. Дæуæн дæр хорз амонд дæ хай. Æз дæр уын уæ лæггæдтæ ахæм цинты цы фæфидон, - райгæ цæсгомæй сын арфæ ракодта Гассион дæр. - Кæй ма хъæуын, Гассион? Æнæцыд чызджытæй бæстæ йе- дзаг куы у, - йæхи бамæгуыртæ кодта Азæ, фæлæ йæ цæстыты хинæйдзаг стъæлфæнтæ цæхæртæ калдтой. - Тæрсгæ ма кæн, ахæм æвзаджы хицау паддзахы фырты дæр йæ зонгуытыл æрлæууын кæндзæн, - йæ мидбылхудгæ йæм ба- дзырдта Ева. - Иуæй-иуы иу дзырды сæр дæр нæ хъæуы, афтæ æлвасынц нæлгоймæгты сæхимæ, иннæтæн та нæдæр æвзаг æххуыс кæ- ны, нæдæр Чырысти, фæрсмæ дæр сæм ничи кæсы, - хинæйдзаг цæстытæ базылдта Азæ Евамæ. «Цы дæлгоммæ ныхæстæ кæны ацы скъуыинаг, исты зона ома уыцы хабарæй?» - иннæрдæм азылд Ева, цæмæй йæ цæсгомы хуызы фæивдæй йæ зæрдæйы катай ма равдыстаид. Хъæуы кæронæй сывæллæтты хъæр æрбайхъуыст: - Æрбацæуынц! Æрбацæуынц! Сæ фæндыры хъæр, сæ зарын æрбайхъуыст. Адæм зæрондæй-нæуæгæй сæ размæ аивылдысты. Чындзхæсджытæ хидыл æрбахызтысты. Къиазо, æнæуыйдæр, хæрзконд, рæсугъд лæппу уыд, уæд та арвы Уациллайау æрттывдтытæ кодта. Ног чындз, миты хъæпæ- ны хуызæн, урс-урсид дзаумæтты, æцæг аргъæутты хуры чыз- гау, лæууыд йæ фарсмæ æмæ фырæфсæрмæй йæ уадултæ сырх дидин æфтыдтой. Къухылхæцæг мидæмæ бакодта чындз æмæ лæппуйы. Къæ- сæргæрон сын хæдзары æфсин мыд асдæрын кодта, апъа сын кодта æмæ фырцинæй дзурынмæ нал арæхст. Хъæлæба, фæн- дыры зæлтæ, зарын, худын уыцы чысыл хъæуы æгасæйдæр ци- ны цад фестын кодтой. - Уæгъды нæ фæстæмæ-фæстæмæ кодта Къиазо. Зæды хуы- зæн.чызг æй фæци.
- Йæхæдæг дæр къаддæр нæу. Нæ комы уый хуызæн лæппу цырагъы рухсæй дæр не ссардзынæ. - Уæддæр ацы гуырдзиаг чызг куыд сахуыр иронау диссаг нæу? Нырма æртæ азы йеддæмæ нæ кусы нæ хъæуы, афтæмæй сыгъдæг дзуры, зонгæ дæр æй ничи бакæндзæн ирон кæй нæу. - Афтæ у, мæ хур, ахуыр адæм алцæмæ дæр æвзыгъд сты. Кæсыс, нæ сæрдары та нын гуырдзиагау сахуыр кодта. Устыты ныхæсты цъус æцæгдзинад дæр уыд, фæлæ Къиа- зо æнæуидæр зыдта гуырдзиагау. Уыцы аз фæсаууонмæ хъæу- уонхæдзарадон институт фæуд кодта. - Бадгæ ут, адæм, бадгæ! Хъахъатæй дарддæр ма дзы цæл дæр æмбæлы! Ай чындзæхсæв у, чындзæхсæв! - Падо адæмы худæндзастæй хуыдта фынгмæ. Нозт æмæ хæрдæй фынгтæ тасыдысты. Стуры фыд, къуыдыр- фых кæрчытæ, сой уæлибыхтæ тæвд фæздæг уагътой хæрдмæ. Ацæргæтæй сау бæгæны æмæ цъæх арахъхъ фæстæмæ ничиуал здæхта, фæлæ фæсивæды нозт æмæ хæрд уыйбæрц не ’ндæвта, зарын æмæ сæ кафын куыд фæндыд. Ахордтой, анызтой æмæ кæртæн æддейæ æнгуз бæласы бынмæ аивылдысты. Фæндыры цагъд æмæ къæрццæмдзæгъд сытынг. Бæрæгбон- арæзт фæсивæд кæрæдзи ивтой тымбыл фæзы. Лæппутæ сæ къахфындзтыл зылдысты æмæ кæмæн чи йæ зæрдæмæ цыд, уый раз йæхи ’вдыста. Сылгоймæгтæ дæр сæхи баластой хъазтмæ æмæ сæ чызгон бонтæ сæ цæстытыл уадысты. - Кæс-ма, кæс. Азæйы скъуыинагмæ, цæй кафт кæны! Арт дыл макуы ссæуа... - хæларзæрдæйæ йын сæмдзæгъд кодта Кеке. - Цы кæна, мæгуыр, æнафоны фæидæдз и, нырма æвзонг у, йæ зæрдæ хъæлдзæгдзинад агуры, - йæ сæрыл рахæцыд ацæргæ сылгоймаг. Агуырдта хъæлдзæгдзинад Азæйы зæрдæ. Худын, зарын, ка- фын агуырдта йæ зæрдæ. Зæрдæ агуырдта кæйдæры, æввахс кæйдæры, фæлæ нæ уыд ахæм... Ничи йæ æнкъардта æви никæй хъуыд, цæмæй ацы сыгъдæг уд цинæй фæхайджын уыдаид? Йæ- хи дæр самондджын кодтаид æмæ ацы æвзонг идæдзы дæр... Ничи... Æнæус лæппуты æнæцыд чызджытæ хъуыд. Уыдон алыварс тыгуыртæ кодтой...
Æмæ фæци Азæйæн фадат... Чындзæхсæв æрра у - цас дæ фæнды, уыйас фæкаф, фæзар, фæхуд, аипп нæу... Æмæ ничи æмбæрста, уыцы къæйных идæдз йæ кафт, йæ зар- ды цас мидхъуырдухæн æмбæхста... Ирон чындзæхсæв даргъ у - дыккаг, æртыккаг бон... æнæ- хъæн къуыри дæр аххæссы... Къиазо æмæ гуырдзиаг ахуыргæ- нæг Тамары чындзæхсæвы дæр адæм суанг кæ]экуасæнтæм бад- тысты. Фæлæ Ева, нæма æрталынг, афтæ ацыд. Йæ лæппутæй ма чи уырдыг лæууыд, чи сæ хæринæгтæ хаста. Агоз лæгты ’хсæн бадти æмæ йæ зæрдæ ради. Цæмæндæр æм афтæ каст, цыма йæхи чындзæхсæв у æмæ-иу устыты ’хсæн Евайы цæстæй ацагуырдта. Куы-иу æй суыдта, уæд-иу йæ уæнг- ты цыдæр хъарм ацыд, цæсгом-иу йæхигъæдæй айтынг. Фæс- тæдæр, цæл йæ тæмæны куы бацыд æмæ куы барасыг, уæд зарæггæнджытæн дæр бахъырныдта, стæй та устыты ’хсæн Евайы цæстæй ацагуырдта, фæлæ йæ куынæуал суыдта, уæд æм бæстæ уыцы афтид æмæ æгъуыз фæзынд, утæппæт адæмы цины хор-хор та йæм кæуæгау фæкаст, æмæ сыкъа уырдыглæууæгмæ бадардта, æркæ, зæгъгæ, æмæ йæ иу схæстæн анызта... Карз арахъхъ судзгæ ацыд хъуыры. Сæр ныууæззаугонд. Стæй ма цас банызта, цас ма фæбадт, куыд рацыд, уымæн ницыуал базыдта. Падоты кæртæй куы рацыд æмæ фаллаг фарсмæ хидыл куы ахызт, уæд æй Азæ раййæфта æмæ йын йæ цонгыл барджынæй рахæцыд. - Æй, нæ цытджын гæс, зæгъын мæ, мæ хæдзармæ фæхæц- цæ кæндзæн, ай та йæхæдæг куы фæци кæнинаг! - худгæ йыл асæрфта йæхи. Лæг дзыхълæуд фæкодта. Нозтæй райвæз-байвæзгæнæг цæс- тытæй ныккаст усмæ. Афтæ талынг уыд æмæ йын æнæрасыгæй дæр йæ цæсгомы хуыз нæ равзæрстаид. - Цæуæм, Агоз, цы ныццæхгæрмæ дæ фæндаджы астæу? Æз дæ бакæндзынæн хæдзармæ, цæмæй макуы ахауай, - цыдæр хъарм, узæлгæ хъæлæсы уагæй йын загъта Азæ. Агоз лæууыд æмæ йæм каст нуæзтджын, змæст цæстытæй, фæлæ уый бæсты æндæры уыдта. Уыдта йæ ирдæй: бадт ныллæг бандоныл, йæ сæр хъуджы фарсмæ быцæу радта æмæ йæ урс- урсид æнгуылдзтæй хъæдын къæртамæ æнæаскъуыйгæ æнда- хы халау калди урс æхсыр. Сыр-сыр дæр ахстой хъустæ, ’хсыры сыр-сыр.
Æмæ æвиппайды фæлæбурдта сылгоймагмæ, уæлæмæ йыл схæцыд, йæ риумæ йæ балхъывта æмæ йын сонтау райдыдта пъатæ. - Ауадз мæ!.. Сæрра дæ? Ауадз мæ! - ныллæг хъæлæсæй йын лæгъстæ кодта Азæ; фæлæ йыл йæхæдæг тынгдæр тыхсти, йæ цæнгтæй йæ бæрзæйыл æрцауындзæг, пъатæ йын кодта йæ цæсгомæн, йæ дæллагхъуырæн, йæ сæрæн... ...Райсомæй Азæйы уаты райхъал Агоз. Хатæны ничи уыд. Уынæр дæр никæцæй хъуыст. «Фыны дæн æви?.. - Рабадти. - Ам цы агурын?». Сæры цыдæр тас ферттывта... Фестад. Худинаджы æнкъарæ- нæй афтæ сæргъиау, æмæ йæ дзаумæттæ кæнын нал арæхст. Иæ къухты æнгуылдзтæ, зырзыргæнгæ, æфтыдтой хæдоны æгънæ- джытæ. Йæ дзаумæттæ конд куы фæци, уæд, æнæрхъуыдыйæ, кæцæй растад, уыцы уатмæ æркаст: сынтæгыл дыууæ базы, иуыл дзы сылгоймаджы æнцъылдтытæ хæдон. Цыдæр ын йæ зæрдæ фелхыскъ кодта: «Æй, Азæ, Азæ...». Дуар бакодта. Ничердæм акаст. Къæрныхау ахъуызыд кæртæй. 23 - Дæ мадыфсымæртæм æгæр арæх райдыдтай цæуын, Ни- къала. Исты хабар сæм ис, лæппу? Кæд сæ исчи фæрынчын, уæд мын æй цæмæннæ зæгъыс? Таймуразы бинонты хъуыддаг чы- сыл мæнмæ дæр цыма хауы, - загъта дохтыр, иу изæр та Никъа- лайыл хъæугæрон куы амбæлд, уæд. Лæппу фæсырх, стæй йæ къухы цы тыхтон уыд, уымæ æркаст: - Мæнæ мæ сæнæфсиры садзæнтæ хъуыд æмæ сæм уый тыххæй ныууадтæн. Айфыццаг Таймуразы уым нæ ныййæф- тон, æмæ... - Ома Гуиргуинайы сæнæфсир срæгъæд уа? Сæнæфсир хур æмæ хъарм бæстæ уарзы. - Йæ къухæй йын райста сæнæфсиры къалиуы лыггæгтæ æмæ сæм æркаст. - Æд уидæгтæ куы сты. - Фарон мын баныфс æвæрдта, цæттæ садзæнтæ, дам, дын са- мал кæндзынæн. Сæн, дам, куы уарзай, уæд, дам, дын сæндон дæр хъуамæ уа.
Ныхæстæгæнгæ æрбахæццæ сты хæдзармæ. Ева бæндæнæй сур дзаумæттæ иста. - Схæццæ дæ, хъæбул? Куыдтæ сты? Таму хæдзары уыд? - ба- фарста йæ фырты. - Ацы хатт æй хæдзары ныййæфтон. Ницы сын у, фæлæ Ели- са йæ сæрæн нæу. Мæ зæрдæ, дам, риссы. Хъаст дæ кодта, йæ фыды фæзианы фæстæ, дам, нæм уыцы чызг йæ къах нал æвæры. - Мæ фыды удæгасæй дæр сæ тынг нæ хъыгдардтон, - йæ зæрдæйы æмбæхст маст сæппæрста. - Цы кæнон, иунæг сылгой- маг дæн æмæ мæхи хæдзары фаг дæр нæ комын... Мæнæ чындз куы æркæнон, уæд мын фæуыдзæн цæуыны фадат, - йæ цæст фæныкъуылдта йæ фыртмæ. - Ныртæккæ чындз æркæнын зын хъуыддаг нал у. Ирæд фи- дыны сæр уæ нал хъæуы, - загъта Никъо. - Чи йын дæтты чызг, æндæра ирæд дæр бафидин, - хъазгæйæ бакодта Ева. - Уый мæт дæ ма уæд, бæрзæй уа, æндæра æфсондз æнцон ссарæн у, - бахудти Никъо. - Цалынмæ хæдзар саразæм, уæдмæ йын цæй ус курæн ис, - бахъынцъым кодта мад. - Алцыдæр уыдзæн, хæдзар аразын тагъд райдайдзыстæм æмæ йæ фæззæгмæ сагъуынддзыстæм. Стæй йæ цъусгай сцæт- тæ кæндзыстæм, - ныфсджынæй загъта Никъала. - Хуыцау де ’ххуысгæнæг, хъæбул. Сæнæфсиртæ кæм садзын- мæ хъавыс? Фарон куыройы фалейæ цы хуым бакодтай, уый хорз уыдзæн, хурварс у, æнæдымгæ бынат. - Ахсæв сæ сыджыты баныгæн. Райсом дын æз дæр аххуыс кæндзынæн æмæ сæ иумæ ныссадздзыстæм, - загъта та Никъо дæр. - Мæхæдæг сæ ныссадздзынæн. Цас садзинаг сты. - Ды нæ зоныс, куыд сæ садзын хъæуы. Зæххы фадыгæн иу кæронæй иннæмæ хъуамæ бæттæн абæттай, стæй цыргъбы- рынкъ лæдзæгæй мæр сæнæфсиры садзæнты æмбæрц ных- хуынкъ кæндзынæ, уый фæстæ сæ садзæнтæ нывæрдзынæ æмæ сын сæ сæрыл сыджыт æркалдзынæ, цæмæй ма басиой. Стæй кæд уазалæн бафæразой æмæ схæцой, уæд дын æртæ азы фæстæ дæхи сæнæй счындзæхсæв кæндзынæн, - йæ мидбылты йæм ба- худт Ева.
- Æртæ азы фæстæ, дам? Куыднæ, æртæ азы йæм куы æн- хъæлмæ кæсдзæн Мехъанцъиты саурæсугъд, - сæ цурмæ æрба- уайгæйæ, фæцырди Сосо, стæй Никъаламæ бакаст æмæ йæхæдæг дæр фæсырх и. - Гъæ-æ... Дис кæнын, алы хуыцаубон цæмæн фæцæйзгъоры Бредзамæ, - бахудти Никъо. - Иугæр афтæ у, уæд хъуыддæгтæм æркæсын хъæуы, лæппу. - Ацы хутъа хынджылæг кæны. Æз дын «саурæсугъд» фенын кæндзынæн! - худгæ уатмæ басырдта Никъала Сосойы. Ева æмæ Никъо иунæгæй аззадысты кæрты. - Кæсыс, Ева, куыд тагъд цæуы рæстæг. Ныр дæ фырт усгур у. - Гъо, рæстæг тæхы. Мах зæронд кæнæм, сывæллæттæ та - усгуртæ кæнынц. - Гъо, мæ хур, о... Афтæ у æрдзы сконд... Æз æмæ Бежан дæр асæрды горæтмæ ацæудзыстæм, æцæг нын æнæ сымах зын уыдзæн, фæлæ дзы æндæр амал нæй. - Кæд мæ хъæбулы тыххæй рахау-бахауаг кæныс, Никъо, уæд фæлтау... - Афтæ ма дзур, Ева. Бежан ме стыр ныфс у. Уæдæ ма кæй тыххæй батыхсон... - Ам дæ куыст та?.. - Фенæм... Институтмæ уал бахауæд. Стæй кæд æмдзæрæн- дон йæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд æз ам баззайдзынæн. Кæннод мын цы нæацæугæ ис... - сабыр дзырдта Никъо, дзырдта, фæлæ йæ ныхæстæ йæхи дæр нæ уырныдтой. Уал азы хъæуты кусыны фæстæ йæм горæтмæ аздæхын куыддæр æнæрцæугæ хабар каст. Цыма уым, йæ раздæры царды бынат сафтид æмæ дзы цæрæн нал уыд. Стæйдæр ам алкæуыл сахуыр, йæ хъысмæтыл дæр раджы сразы... Евамæ æввахс кæй уыд, уый дæр ын цыдæр æнæуынгæ тых лæвæрдта æмæ... Горæты та... Чи йæ зоны... Цы уыдзæн?.. Евайы дæр йæ хъæбулы хорздзинад куыд нæ фæндыд. Никъо йæ лæппуйы цур куы уыдаид, уæд æм йæ зæрдæ ницæмæй æхсайдтаид, фæлæ йæхицæн дæр стыр ныфс уыд Никъо, тынг стыр ныфс... Никъойау æнæдзургæйæ чи бамбæрстаид Евайæн йæ цин дæр æмæ сагъæс дæр... «Ацу мæ хъæбулы мын йæ фæндагыл бафтау æмæ мæ уд уæ нывонд фæуæд...». Уатæй лæппуты худын хъуысти.
- Хъæбысæй та хæцынц, æдылытæ, - хъæлдзæгæй сдзырдта Ева, цæмæй йæ зæрдæйы сагъæс ма фергом уыдаид. - Ацæуон, - загъта Никъо æмæ кæрты дуар йæ фæдыл ахгæдта. Лæппутæ та мидæгæй ныхас кодтой. - Цы дæ нæ уагъта, Хутъа, Никъойы цур æй цы ныццит-цит кодтай? - Æмæ, гъа... Срæдыдтæн æй æмæ цы кæнон... Федтай йæ?.. - Æмæ мæ цы хъуамæ бахъыгдардтаид, цæуылнæ йæ хъуамæ ма федтаин? - сæрыстырæй загъта Никъала. - Кæд дæ йе ’фсымæртæ базоной?! - Уадз æмæ йæ базонæнт, цы ’мбæхсинаг у. Уарзгæ сын кæнын се ’взалыйы хуызæн хойы, мæ удхæссæг дзы куынæ уынын. - Кæд дын æй нæ радтой, уæд æвзалыйы хуызæн у, кæд æй радтой, уæд та - цыкурайы фæрдыг, нæ? - Афтæ мын æй ратдзысты æмæ ма хур уæлиау уыдзæн! - Цымæ дæ цы ныфс ис? Мæнæ ныл царæй сыджыт куы згъæлы, уæд сæ иунæг уæздан хо дæумæ ’рхауди? - Ныр цы дæ хъустæ æрæппæрстай, хæдзар махæн дæр уы- дзæн. Æртæ ’фсымæры куы стæм, Хутъа, уæд иу хæдзар саразын нæ бон куыд нæ бауыдзæн? Фендзынæ йæ, кæддæра асæрды цы æддæгуæлæ хæдзар ныззилæм.. - Ды фарон дæр афтæ дзырдтай, фæлæ нын дзы цы рауад? - Нырма хæдзар аразæн æрмæг хъуамæ æрцæттæ кæнай, стæй та - аразгæ... Дур, хъæдæрмæг, фæйнæг, хъуари цæттæ сты. Змис æмæ ма нæ чъыр хъæуы æмæ сæ акъуыри сласдзынæн. Къиазо мын афтæ, тæрсгæ, дам, ма кæн, æнæхъæн хъæуæй, дам, дын ах- хуыс кæндзыстæм, ды уал, дам, райдай. Сæныччытæ нæм ис, сæн мын Таму дæтты, кæрдзын хæрх - æндæр цы хъæуы, ме ’фсымæр? Ды а лæппуйы хорз нæма зоныс, - бауыгъта йæ къæсхуыртæ æфсымæры домбæйттæ конд Никъала. Мад сæм тыргъæй хъуыста æмæ йæ зæрдæ цины тыррыкк- тыррыкк кодта.
24 Уыцы аз амондджын аз уыд Евайæн. Слæгтæ сты йæ фырттæ. Сæ иуæй се ’ннæ фидауцджындæр. Зонд æмæ хъаруйæ хъæуы фæсивæды ’хсæн бæрæг хицæн кодтой. Тынгдæр та уымæй ради мады зæрдæ - æнæниз æмæ куыстуарзаг кæй уыдысты. Хистæр Никъала уæддæр хæдзардзиндæр уыд. Уый цы нæ сарæзтаид, ахæм куыст нæ уыд, алцæмæ рæхсти. Ахæм даргъ цæнгтæ йын уыд, æмæ йæ цæвæджы уис иннæты дыууæ уисæй дæр даргъдæр УЫД- Хæдзары уæз, бинонты хистæры хæс Никъалаиыл æрæнцад. Мад дæр, кæстæр æфсымæртæ дæр Никъалайы æвастæй ницы арæзтой. Æниу цас кæстæр уыдысты - се ’хсæн фæйнæ афæдзы уыд, æндæр нæ. Фæлæ Никъалайæн йæ фердæхт бынтон æндæр уыд. Бæрæг хицæн кодта иннæтæй. Цыма уый фылдæр бæрн- дзинад æнкъардта бинонты раз дæр æмæ хъæубæсты раз дæр. «Цард дын феста дæ мад, мæ ныфсы хъæбул. Дæ фыды æрцыд- мæ дæ къахы алгъæй дæр макуы схъæрз, иууыл йæ халдих дæ: уæдæ асæй, уæдæ уындæй, фердæхтдзинадæй, зæрдæйы хаттæй. Уыцы мæгуыр-иу куыддæр кауы дуарæй æрбахызт, афтæ-иу хæдзар фæцæрдгъуыздæр. Æгомыг фос дæр-иу цыма ради йæ уындæй. Ныр мæ хъæбул дæр афтæ: хæдзармæ ’рбахиздзæн, бан- доныл иуæрдæм ахæцдзæн, пецы суг баппардзæн, йæ урс дæн- дæгтæ дæм февдисдзæн æмæ нæ алкæуыл дæр цыма базыртæ басадзы, нæ зæрдæтæ хурварс абадынц. Хуыцау, йæ ныфс мын макуы байс, хуыцау, самондджын мын æй кæн...», - дзырдта хи- нымæры мады зæрдæ йæ фыртмæ кæсгæйæ. Уыцы сæрд райдыдтой сæ ног хæдзар аразын æмæ йæ агъуындгæ дæр скодтой. Бинаг уæладзыг дурæй самадтой, уæл- лаг та - хъæдæй снывæзтой. - Рæсугъд, уæрæх рауади хæдзар. Лæппутæн сæ фæнд афтæ уыд, цæмæй уыцы зымæг балыгъдаик- кой сæ ног хæдзармæ, фæлæ иугæр агъуысты бын куы фæци, уæд цæмæйдæрты фæкъуылымпы сты иудзæвгар, стæй уæдмæ мит ныууарыд æмæ та уыцы зымæг дæр зæронд хæдзары арвыстой. Æниу ма Евайæн æхсызгон дæр уыд, афтæ кæй рауад хъуыддаг... Хæдзар аразыныл ’нæхъæн хъæубæстæ куыстой. Æгæрыстæ- мæй хъæуы сывæллæттæ дæр: чи сæ дон хаста, чи дур, хистæр- тæй исчи «цу-ма» загътаид, уый йеддæмæ-иу сæ кæрæдзийы сæрты схъиудтой.
Чысылæй, стырæй цин кодтой Никъалаты ног хæдзарыл. Сихорыл-иу куы ’рабадтысты, уæд цыма хоры куывд арæзтой, хъæубæстæ иууылдæр уым! Хæрд æмæ сын нуæзт та сылгой- мæгтæ хастой: чи карк. чи кæрдзын, чи арахъхъ, чи - бæгæны. Иннæахæм та сæ Никъалыхаста йæ худæн ныхæстæй. - Ацы хорз адæм, цы мæ уæ уæлныхты систат? Афтæ зæрдиа- гæй архайут, цыма колхозы клуб аразут. Афтæ мæм кæсы, цыма арæзт куы фæуа, уæд мæ мидæмæ уадзгæ дæр нал бакæндзыс- тут, нæ иумæйаг хæдзар, дам, у, æмæ дæхионæй дæ бон хорз... - Афтæ дардыл æй ныззылдтай æмæ клубæн дæр сбæздзæн. Зымæгон-иу нæ бауадз, цæмæй-иу нын дзы кино равдисой. Нæ библиотекæйы къулы хуынчъыты, зыхъхъырты нæ худтæ куы банæмæм, уæд дæм уый цас раст кæсы?.. - бадзырдта йæм, йæ- хиау, хынджылæг уарзаг Ботаз. - Колхозы куыстмæ дæр афтæ æнæфæсидгæ хъуамæ цæуай, мæ хур, æмæ уæд клуб дæр æнцонæй сараздзыстæм. Ардæм цырд фæуайыс, фæлæ колхозы куыстмæ куы фæцæйцæуыс, уæд куы дæ игæр риссы, куы - дæ куырмтъанг, - бахудти йыл Никъала. - Дæуырдыгæй йæ чи зоны, уæззау куыстæн нæ бæззын, уымæн та цы зæгъон!.. - фæмæсты Ботаз. - Цæй, хъазгæ дæ кæнын, фæлæ æцæг уыцы игæрмæ рæстæ- гыл æркæс. Цал хатты дæ бафæдзæхста дохтыр Никъо? - æнæ- хъазгæйæ загъта Никъала. - Куы мын сриссы, уæд та фæзæгъын: сом æнæмæнг ацæу- дзынæн горæтмæ æмæ рынчындоны схуысдзынæн, стæй та мын куы фæлæууы, уæд та мæ мæ къах нал ахæссы, - æнæбары худт бакодта Ботаз. Никъала та цыдæр куыд сцæйдзырдта, афтæ Ботазы хъæр анæрыд: - Ева, дæ хæрзæггурæггаг мæн, далæ Бежан æмæ Никъо ссæуынц! Адæмæн сæ бæрзæйтæ фæндаджы ’рдæм азылын сты. Никъа- ла хъæдын асингондыл æртæррæст кодта æмæ сæ размæ алыгъд. - Куыд у, нæ «профессор»? Исты нытътъæпæн кодтай? - худ- гæбылæй бакаст Бежанмæ æмæ Никъойы къух. райста. - Ай-гъайдæр. Нытътъæпæн нæ, фæлæ сæ ныффалгæрон кодта. Ды мын мæ зондджын лæппуйы куыд æнхъæл дæ, - сæрыстырæй загъта Никъо.
- Æтт, мæ зынгыл, гъе! Уæдæ нæ дохтыр æнæбынат базза- ди? - сдзырдта та Никъала æмæ Никъомæ худгæйæ бакаст. - Ис- чи ма цы бæласы къабузыл бады, уый лыг кæны, Никъо? - Уый тыххæй ма тыхс, мæ хур. Мах алцæуыл дæр развæлгъау ахъуыды кодтам: Бежан институт ку .: фæуа, уæд Никъо пенси- йы адымдзæн æмæ бынат цæттæ! - йæ хынджылæгæн ын радта Никъо дæр хъæлдзæгæй дзуапп. - Бынæттæй фылдæр та нæм цы ис, дохтыр нæм афтæ арæх куынæ у. Бежан æнцад лæууыд, сæ ныхæстæм сын хъуыста æмæ йæ алыварс цы адæм æмбырдтæ кодтой, уыдонмæ цинæйдзаг цæс- тытæй каст. - Уæдæ бахаудтæ, хъæбул, уæлдæр ахуырмæ? Æ, дæ нывонд æрбауон, дæ нывонд! - Бежаны ’фцæджы атыхст Гассион. Евайæн йæ цины цæссыгтæ йæ рустыл згъордтой. - Марадз, Гæззиан, сæр дæ бахъуыд, дæ буц лæппу студент сси, фæлæ фыцг æрæвæр! - Никъала йæ мады æрбахъæбыс кодта. - Амондджын хъуыддаг, амондджын! Хуыцау дын бирæ цæрæнбон радтæд, Никъо!.. - раарфæ кодта Сауи æмæ ног хæ- дзары раз фæйнæджытæй арæзт фынджы алыварс рарæгъ- рæгъы сты хъæубæстæ, уæддæр ныр сихорафон у æмæ æххæст Бежанæн дæр акувæм, зæгъгæ. Уыцы бон чысыл хъæуæн, цæуыл бацин кодтаиккой, уый ’фсон фæци æмæ суанг изæрмæ фæминас кодтой, фæзарыдысты, фæхъазыдысты. Ева изæрæй фермæмæ йæ хъуццытæ дуцынмæ куы фæ- цæйцыд, уæд цыма фырцинæй цæугæ нæ, фæлæ тæхгæ кодта, афтæ йæм каст, цыма йæ циныл цин кæнынц адæм дæр, фос дæр, æрдз дæр, фæлæ цыхтахсæн хатæны Азæйы кæугæ куы бай- йæфта, уæд ыл цыма исчи уазал дон бакалдта, уыйау æвиппайды айсæфт уыцы æхцон æнкъарæн. - Цы кодтай, Азæ? Цæуыл кæуыс? Дæ сывæллон кæд мæллæг нæу мыййаг? Азæ йæ сæр банкъуыста, «нæ», зæгъгæ. стæй Евамæ скаст æмæ йæ цæссыгтæ йæ уæлармæй асæрфта: - Куынæ дæ зонин, кæй ницы аххосджын дæ, уæд мæ удхæс- сæг фестис. - ?!. ^^^Ш^ 273 -х^З^© *18
- Ницыуал зонын мæ сæрæн. Мæхи ныххудинаг кодтон, зæ- гъын, сывæллон мын уæд, æндæр мæ ницы хъæуы. Ныр мын сывæллон ис, Агоз дæр æм фыды зæрдæ дары... Цæрæм, æцæг нæ къухтæ нæма æрфыстам... Мæнмæ гæсгæ, уый ницы давы, фæлæ уый цæй цард у, æз ын йæ фынæйыл дæр нæ хъæцын, уый та мæнмæ нæ... Дæ фæдтæ дын агуры, дæ аууонæн дын кувы, фынæйæ дæр дæ ном фæдзуры... Æвзæры ’рдæм мæ ма бамбар, Ева, æз мæхицæн нал тæригъæд кæнын... Уыцы мæгуыримæ цы чысыл рæстæг ацардтæн, æцæг уарзондзинады ад уæд бан- къардтон, фæлæ йæхæдæг куыд æнамондæй тоны йæ цард Агоз, куыд... - Азæйы цæссыгтæ та æргæр-гæр кодтой. Ева лæууыд дурдзавдæй. Хъусгæ Азæмæ кодта, йæ хъустыл та, Агоз ын йæ зæрдæйы æмбæхст хъуыды куы раргом кодта, уыцы ныхæстæ ныдзæвдысты. «Никъо уым куынæ фæцадаид, уæд мæ худинаг ныхъхъæр уы- даид...». - Уе ’зæртæ хорз! - къæсæрæй æрбахызт Кеке. - Хорз изæртæ дыл цæуæнт, - загъта Ева. Азæ къæрта систа æмæ феддæдуар. - Уæдæ ахуыр фырты хицау бадæ, дæ нывонд, и? - бацин кодта Кеке Евайыл. \ - Нырма йæ ахуыр лæг суæвынмæ бирæ хъæуы, Кеке, фæлæ кæд исты сарæхсид, - зæрдæрайгæ бакодта Ева, æмæ æд къæр- татæ скъæтмæ бацыдысты. Сылгоймæгтæ ’хсырæй йемыдзаг къæртатæ хатæнмæ хастой, æхсыр егъау агтæм фæрсыгътой æмæ дыгъд куы фесты, уæд та цыхт ахсынмæ бавнæлдтой. 25 Уыцы аз раджы суазал кодта. Октябры кæрон дон сæлын рай- дыдта. Зымæг адæмы развæлгъау фæдзæхста, уæхи рæстæгыл бацæттæ кæнут, фæцæуын, зæгъгæ. Фосæн хос æрæфтауц кæнын, сугласын, картофтæ æфсна- йын... Цал æмæ цал кусинаджы уыд æмæ адæм æхсæвæй-бонæй архайдтой.
Къиазо-иу æхсæвыцъæхтæи ацыд æмæ талынгтæм хæдзар- мæ не ’фтыд. Гассион ма йæ чындзæй æфсæрмы дæр кодта: хæрзаг ма зæ- гъа, ай цавæр бинонты ’хсæн бахаудтæн, дæ удыхаимæ дæ аныха- сы бон дæр ма фæуæд. Æфсинæн йæ бон цы уыд, уымæй йын йæ къух рæуæг кодта: «Аг ма ныхс, дæ нывонд фæуон, дæ къухтæ ныссау уыдзысты», «Скъæтмæ дæ цы хъуыддаг ис, мæхæдæг æй ныссæрфдзынæн, уыцы «институт» та æз фæдæн, мæ чызг», - худгæ-иу дзырдта йæ чындзæн. Фæлæ Тамар æнæсæрмæхæссон чызг нæ уыд. Хъæрмуд хæдзармæ стыр фарн, сты^уарзт бахаста æмæ Падо йæ чындзыл хъæцынхъом дæр нæ уыд. Йæ цæст-иу ыл куы нæ схæцыд, уæд-иу афарста: - Чындз кæм ис? Стæй Тамарæн лæппу куы райгуырд, уæд чындзæхсæвæй но- джы хуыздæр фынг æрæвæрдта хъæубæстæн. - Ныр æртæ лæджы стæм. Чи ма нæм æрбауæнддзæн! - хын- джылæг-иу кодта Падо чысыл лæппуйы авдæнмæ кæсгæйæ. Зымæгмæ кæд алыбон дæр æнхъæлмæ кастысты, уæддæр æнæнхъæлæджы æрхъуызыд. Æнæхъæн бон уыцы хъарм уыд, изæрырдæм ныггуыппæг, арв мигътæй æрæхгæдта æмæ хъуын- тъызæй ныджджих. Райсом алцы дæр урс кæрцы бын фæци, уарыд æмæ уарыд ставд пирæнгæмттæй. Дымгæйы уддзæф никæцæй цыд. Арв цы- ма тынг дæлейау æруагъта йæхи æмæ хæхты цъуппытыл æрæн- цад. Афтæ зæрдæбынæй рæвнæлдта, цыма йæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыд йæ уарынæй банцайын. Раджы райхъал Агоз. Уыцы ’хсæв сæхимæ уыд, фермæйæ æрæгмæ рантыст, стæй Азæтæм нал ацыд, йæ къах æй нал ахас- та. Æхсæв-иу уым куы баззад, уæд-иу йæ мадмæ йæ цæсгом ба- кæсын нал хъæцыд. - Цæмæн ма хъизæмар кæныс уыцы чызгæн, æрбакæн æй æмæ адæм куыд цæрынц, сымах дæр афтæ, - Азæйæн Агозæй лæппу куы райгуырд, уæд йæ фыртæн ныфсджынæй загъта мад, фæлæ Агоз ницы сдзырдта, æрхæндæгæй бакаст йæ мадмæ æмæ та иæ куыстмæ ацыд. Афтæ цыдысты бонтæ, куы-иу Азæмæ баз- зад, куы та-иу иæхи хæдзары уыд. Иунæг хатт дæр никуы загъта Азæ: «Ам лæуу кæнæ мæ уæхимæ акæн». Агоз æнæзæгъгæйæ дæр
хорз æмбæрста Азæйы хъуыды, фæлæ зæрдæ уæддæр цæмæдæр æнхъæлмæ каст... Райсом митæй ацæуæнтæ нал уыд, уый куы федта Агоз, уæд скъæтæй галты рауагъта æмæ сæ фермæйы ’рдæм аскъæрдта. Уырдыгæй сæ фæстæмæ куы рацæйскъæрдта, уæд ыл Кеке æмæ Елбачион амбæлдысты. - Æ, дæ зонды нывонд фæуон дæуæн, кæд куыд æрхъуыды- джын дæ! - загъта йын саламы бæсты Кеке. - Зæгъын, чи афæд кодта, чи кæдæм цыд нæ хъæуæй афтæ раджы! - Мæ бинонтæн, дам, йæ къæхтæ ма схуылыдз уой, æндæр дæ мæтæй мæлы, - хынджылæгæй загъта Елбачион. - Афтæ у æви уфтæ... Бузныджы бæсты лæппуйæн мæстæй- марæн ныхæстæ ма кæн. «Кæй тыххæй афæд кодтон, уый йæ кæд фæхата, æндæра... Ехх, зæрдæ, зæрдæ, куыд хивæнд дæ... Азæйæн дæр йæ цард æнæад кæнын... Æниу йæхи аххос у, цы йын кæнон... Ныр лæппуйыл дыууæ азы æххæст кæны æмæ сæ мæ хæдзармæ нæма бакодтон. Нæ мын закъонмæ гæсгæ хъуыддаг балхынцъ кæнын æнтысы. Нæ зонын, цысхонæн ис ахæм цардæн. Азæ дæр куы ницы кой кæны, диссаг... Ницыуал æмбарын. Уæдæ ма мæ цæмæн баппæрста къæпхæны?.. Куы сæм бацæуын, уæд куыд хъæлдзæг вæййы, куыд тынг мыл фæузæлы. 0, фæлæ сæм иу къуыри дæр куынæ бацæуын, уæддæр дзы уайдзæфы сæраппонд иу хъыпп не схаудзæн... Фæмæллæг- дæр, йæ хуыз йæ гаччы нал ис, маст кæны сусæгæй, æргомæй та йæхи афтæ æвдисы, цыма никуы æмæ ницы... Хъæубæстæ мæ бинонты хицауыл нымайынц, æз та абоны онг дæр нæма ас- къуыддзаг кодтон, куыд бакæнон... Фидарæй мæ уырны Еваимæ мæ хъуыддаг фын у аргъау... Зæрдæ уæддæр йæхион кæны. Иу бон дæр æй куынæ фенын, уæд мæ мидæгæй цыдæр фехсыны...» Галтæ сæ кæрты дуары цур æрлæууыдысты. Агоз йæ сæрыл схæцыд, дуар бакодта, скъæтмæ сæ бауагъта æмæ сын холлаг нывæрдта, стæй фæстæмæ фермæмæ аздæхт. Хъугдуцджытæн сæ хъæлæба хъуыст. Агоз дуары цурмæ куы бахæццæ, уæд йæ хъустыл ауад Евайы ныхас æмæ æрлæууыд. - Хуыцаубоны царв, цыхт, стæй ма æндæр истытæ хъуамæ Бежанæн горæтмæ арвитон. Никъо ницы цух ныууадздзæн мæ
лæппуйы, фæлæ йæ бынтон уый ’вджид уадзон, уый мæм раст нæ кæсы... - Кæд дзы йæхицæн лæппу загъта, уæд æй даргæ дæр кæн- дзæн, ды ма цæуыл тыхсыс?.. - Уый та Азæйы хъæлæс уыд. - Ех, Азæ, цæмæн афтæ хъæбæр ныхас кæныс, мæ фырхъалæй куынæ сразы дæн мæ уарзондæр хъæбулы искæуыл ныффыс- сыныл? Никъо ахуыр лæг у, мæ фыдимæ рагæй хæлар уыд, мæ лæппуйы мын йæ царды фæндагыл бауромдзæн, æмæ мын ме ’ргъом фæрогдæр кæндзæн. Стæй, куыд æнхъæл дæ, ома мæ лæппу йæ хиуæттыл суæлæхох уа? Ахæм зондахастыл æй нæ хъо- мыл кæны Никъо дæр. - Дедтæ алыбон Бежаны кой кæй кæныс, уымæн дын загътон, кæй тыхсыс, æндæра дæ нæ хъæубæстæ иууылдæр райгонд сты, Ева, дам, зондджын ми бакодта, - йæхи сраст кодта Азæ. - Иннæтæ ам йæ цæсты раз сты æмæ цы сæ кой кæна, Бежан та хæдзарæн æддæ ис æмæ мады зæрдæ уымæ фылдæр æхса- йы, - загъта Теблуен. Агоз йæ къæхтæ астæрдыл æртъæпп-тъæпп кодта, цæмæй сын сæ мит ацагътаид, стæй мидæмæ бахызт æмæ арты цур æр- лæууыд. - Куыд æнæаскъуыйгæ уары, Агоз, дис дæм нæ кæсы? - са- бырæй бакодта Елбачион. - Хуыцау Агозы куы фæрсид, уæд Зикъарайæ ацырдæм мит не ’руарид æмæ нæдæр сугыл тыхсид, нæдæр холлагыл, - ба- худти Азæ. - Холлагцух бæргæ нæ фæуыдзыстæм, фæлæ мæнæ нæхи- цæн у зымæджы зын архайæн, æндæра... - йæ ныхас баппæрста Кеке дæр. - Цæмæй йæ зоныс, цас ахæсдзæн зымæг, холлагцух дæр нын цъæх нæ хæссы... Æфцæгыл ма цы цъеритæ баззад, уыдон ма ласт куы æрцыдаиккой, уæд æнæмæтдæр уыдаиккам, - загъта Агоз. Азæ бахудт: - Æнæласт дын кæй баззадысты, партион æмбырды дæр дыл уымæн афыхт. - Уæртæ дæ родтæм хуыздæр æркæс, æндæра кæд уыцы рын- чын род амæла, уæд кæуыл афыцдзæн, уый фендзынæ. - Уазал у, уазал, родтæн дæр, æндæр сæ зылдцух уадзын, мæ тæригъæд дын зæгъон...
- Æмæ иннæты родтыл хъарм кæрцытæ ис? - Ох, куыд хорз мын æй æрхъуыды кодтай, райсом дын дæ кæрц рахæсдзынæн æмæ йæ уыцы гæвгæвгæнаг родыл скæн- дзынæн, - хъæрæй ныххудт Азæ. - Хуыцау дæ ма сæрра кæна... Цы нæ зæгъдзынæ, - худти Ева дæр. Агоз хъуыдыты ацыд: «Цыма никуы æмæ ницы, афтæ дары йæхи. Нæ йæм знон бацыдтæн, нæдæр æндæрæбон... Нæ дæн раст лæг. Йæ удæй йын хъазын. Мæхи дæр удхарæй марын. Кæрон скæнын хъæуы ахæм цардæн...» 26 Зымæгон бон цыбыр у. Кæуылты æрталынг вæййы, уый лæг зонгæ дæр нæ бакæны. Уыйхыгъд æхсæв та даргъ у æмæ фæси- вæд куы иутæм фæбадынц, куы та иннæтæм. Чындзæхсæвтæ дæр фылдæр зымæджы фæкæнынц, сæрибар рæстæг зымæгон фылдæр ис адæмæн. Йæ хæдзар куы сцæттæ уыдаид, уæд Никъала дæр зымæджы бæргæ счындзæхсæв кодтаид, фæлæ уыцы иу хатæны цалæй бацыдаиккой, æмæ хъуыддаг фæззæгмæ аргъæвта. Куы-иу фæ- бонтæ кодта, уæд-иу ныууад Бредзамæ. Таймуразы усæн йæ ма- ды хо Матикъо тæккæ хъæугæрон цард. Уыдонмæ-иу бацыд. Идæдз сылгоймаг хорз æмбæрста, Гуиргуинайæ уырдæм уыцы уæлмит, уæлихы усгур лæппу кæй тыххæй цыд, чысыл аныхæс- ты фæстæ-иу феддæдуар æмæ-иу цалдæр минуты фæстæ Кете- ван дуар æрбазыхъхъыр кодта: - Ам дæ цы, Матикъо? - æмæ-иу хатæнмæ йе ’рбацыдæй йæ къæл-къæл фæраздæри. - Æз дæр Матикъойы уынынмæ æруадтæн, фæлæ хуыцау лæгæн йæ къух куы араза, уæд дæхихуызæн цыкурайы фæр- дыджимæ фембæлын стыр амонд у Фæныхас-иу кодтой, кæд та фембæлдзысты, ууыл-иу бадзырд- той, стæй-иу Кетеван раздæр сыстад: - Цалынмæ мæ не ’рцагуырдтой, уæдмæ мæхи айсон, æндæра мæ ’мæ фыд хæдзармæ нал бауадздзæн.
- Тæккæ абон дæр æм куы ’рцæуид уыцы хъуыды. - Æрра фæдæ? Ахæм хъызты?.. - Сæккой дæ кæнин, мæнæ, зæгъын, иу чызг æддæ баззад æмæ йæ мæхицæн æрхастон. - Хæрзаг нæ лæппуты иргъæвæг нал уромид. - Æз сæ зондджынæй зонын. Ило мæм хорз зæрдæ дары. - Мæ кæстæр æфсымæр мыл хъихъхъытæ кæны. Мæ фыдау кадуаЬзаг æмæ схъæлфындз у. Ило бынтон æндæр у... Уый мын загътЬ, хорз сиахс, дам, мын ссардтай, фæлæ, дам, дæхиуыл хæ- цын з)эн, нæ хъæубæсты цæсты, дам, дæхи ма бафтау. - кæнæ дыууæ-æртæ мæйы, стæй нæ хæдзар сцæттæ уыдзæн æмаа.. -Мæ фыдимæ куыд бафидаудзыстут, нæ зонын... - Кæд нæ разы кæна, уæд искуыдæм ацæудзыстæм, стæй фи- даудвысты, уæдæ цæрæнбонтæм æнæсдзургæ уыдзыстæм? - Куы фæмæсты уа, уæд мын иу судзин дæр нал ратдзæн... - дынг мæ бахъуыд йæ дæттæггаг... Кæд-иу исты цух уай, уæд- иу дзы ракур. лæугæйæ-иу сын фылдæр ныхæстæ антыст. Стæй-иу Ни- къа’ла зæрдæхъæлдзæгæй сæхимæ, уæлдæфытæхæгау, згъордта. Зымæгон бонты дæр æрулæфт нæ зыдта, йæ ног хæдзарыл тагъд кодта. Мад æм каст æмæ рыстæмхæццæ цинæй ради йæ зæрдæ: Шæгуыр дæ бон, мæ сæры хицау æнафоны ацыдтæ æмæ дæ цин, дæ хъыджы хай иууылдæр мæнæн ныууагътай. Ды дæр аф- тæ зæрдæрайгæ арæзтай дæхицæн ахстон, фæлæ дын дзы цæрын нæ бантыст... Ныр та фырт архайы йæхицæн ахстон аразыныл æмæ ныр æнæдæу хъуамæ цин кæнон йæ цинагыл... Кув, мæ- гуыр, мæрдтыбæстæй, цæмæй дæ цот уæддæр уой амондджын...» Цалдæр боны размæ Къиазойы райæххæсткомы хъæууон хæ- дзарады хайады хистæрæй акодтой, æмæ хъæу сæхицæн колхо- зы сæрдарæй Никъалайы равзæрстой.Æцæг дзы Къиазойы фæн- дон фылдæр уыд. Зондджын, адæмыл аудæг æмæ, дам, куыстуар- заг лæппу у ахæмтæ, дам, хъуамæ уой хъæуæн раздзог æмæ йæ хъуыдыты ныхмæ иу лæг дæр ницы загъта... Евайæн фырцинæй йæ зæрдæ йæ риуы нал цыд: «Мæ хъæбулыл хъæу йе ’ууæнк бафтыдта, хъæуæн сæрдари- уæг кæнын мæнæ нæй!..»
Цы ныййарæг нæ бацин кæндзæн йæ хъæбулы кад æмæ но- мыл... I Ног сæрдар афтæ зæрдиагæй бавнæлдта йæ хъуыддагмæ, æмæ ацæргæтæ дисы бафтыдысты. Ацы хъазæгой лæппу ахæм хъару равдыстаид, уый ’нхъæл дзы нæ уыдысты. / Куыддæр мит батад, афтæ хуымкæнынмæ æрæвнæлдтой. Бригадирæй, рæнхъон колхозонæй алчидæр йæ хæс зыдта æмæ йæ ма сæххæст кодтаид, уый барст никæмæн уыд. ( Ног сæрдар хыл æмæ хъæртæ нæ кодта, фæлæ йæ хъуыддаг цыд. Колхоз Къиазойы рæстæджы дæр фæстæзадыл ным!д нæ уыд, уæд æй районмæ дæр нæ раразмæ кодтаиккой. Фæлæ ног сæрдар цыдæр ног комулæфт бахаста хъуыддагмæ æмæ хъæуы фæсивæд сæ уарзон æмгары ныхасыл дыууæ никуы дзырдтай. Уыцы аз тугыл аскъуыд тыллæг. Зæрæдтæ дзырдтой, вал- ты мит кæй ныууарыд, уымæн, дам, æрзадысты афтæ хорз кой- рагæй, картофæй. Фæсивæд та, Никъала райцентрæй минерЛлон хъацæнтæ кæй сласта, уымæй бузныг уыдысты. Иу рæстæджы сбæззыдысты кæрдынæн кæрдæгæй, хорæй. Æмæ зымæджы цы фæулæфыдысты, уыйхыгъд ’хсæвæй, бонæй сæхиуыл нал ауæрстой адæм. \ Никъалайы колхозы куыстытæй йæхи хъуыддæгтæм ыал æвдæлд. Уый размæ цы фæйнæджытæ слæгъз кодта, уыдонæй йæ ног хæдзары пъолтæ скодтаид, уыцы рæстæг дæр ын нал уыди. Æгæрыстæмæй, æнæхъæн дыууæ къуырийы Кетеваны дæр нал федта. «Ацы изæр, сом изæр кодта», афтæмæй йæ куы- сты рæстæг, тæргæ бæхау, тахти. 27 Æнтæф бон уыд. Барæгæн йæ хид йæ иæсгомæй лæсæнтæ кодта æмæ йæ хæдоныл тагъди, цыма йыл къæвдайы æртæхтæ згъæлдысты. Бæх ехсы тылдмæ уадау тахти. «Ахæм тахт кæнын, раст цыма стыр цины фæдисон дæн... Ды, дам, дæ адæмæн хуыздæр бамбарын кæндзынæ хабар, цæмæй, дам, фыццаг бонты сæ уæнг ма амæла. Зæгъдзынæ, дам, сын, ныртæккæ æппæтæй тынгдæр кæй хъæуы кæрæдзийы фарс балаеууын, чысылæй, стырæй нæ тыхтæ сиу кæнæм, цæмæй ныл
знаг ма фæуæлахиз уа æмæ нын нæ тугæй ссаргæ сæрибардзи- над ма байса... Ех, зондджын лæг у нæ райкомы секретарь, фæлæ мæнмæ гæсгæ ныртæккæ адæмæн ахæм ныхæстæ уæлдай сты... Йæ бон кæмæн у, уый йæхи куыд бааууон кæндзæн ахæм тыхст рæс- тæджы?.. Нæй, ам ахæм ныхæстæ уæлдай сты, фæлæ... Куыд зын у ахæм æвирхъау хабар зæгъын...». Хиды мæцгæ бахæццæ сты бæх æмæ барæг хъæуы кæронмæ. Фыццаг Къиазойыл чи амбæлд, уый Сауиты Ботаз уыд. Ботаз, ссæдз азмæ æввахс кары лæппу, Леуаны фæстæ колхозы хын- цæгæй куыста. I - Дæ бон хорз, Къиазо, цавæр фæдисы тахт у, уагæры? - худ- гæбылæй йæ разы æрлæууыд Ботаз. Къиазо йын саламы бæсты йæ сæрæй акуывта æмæ тыхæй сфæрæзта: - Ацу, Ботаз, скъолайы дзæнгæрæг ныццæгъд... Адæмы æрæмбырд кæн... - Цы?.. Цы ’рцыд, Къиазо, цы хабар у?.. ~ Хæст... Хæст райдыдта, лæппу, Герман нæм æрбабырста, - ныллæг хъæлæсæй загъта Къиазо. Ботаз уæддæр лæууыд, æмæ дзагъыргондау каст Къиазомæ нæ, фæлæ бæхмæ... Бæхæн йæ риуы гуыдырыл урс фынк дæлæ- мæ бырыд æмæ донæй йæ раззаг къæхтыл лæдæрст. - Ацу, лæппу, цæмæ-ма кæсыс? - фæллад хъæлæсæй та загъ- та лæг, стæй зæхмæ æрхызт, идон бæхы бæрзæйыл баппæрста æмæ фæндаджы был тæрсбæласыл банцой кодта. Бæх йæ хица- уы цурмæ бацыд æмæ аууоны æрлæууыд. Лæууыдысты лæг æмæ бæх æдзæмæй. Лæууыдысты æмæ фæллад цæстытæй кастысты, Ботаз йæ къæхтæ размæ куыд зивæггæнгæ иста, уымæ. Бæх йæ идоны къæбæлтæ æхсыдта æмæ йæ къæдзилæй бын- дзыты сырдта... Хъуыдыты ныгъуылд Къиазо дзæнгæрæджы зæллангмæ фес- тъæлфыд. Дзæнгæрæг дæргъвæтин, къуырма зæлланг кодта. Йæ хъæр ын хæхтæ фæстæмæ здæхтой. Дзæнгæрæджы хъæрмæ фыццаг цъалайы донæй сывæллæт- тæ æрбазгъордтой скъолайы кæртмæ.
Хынцæг Ботаз æрфыгæлхынцъæй лæууыд дзæнгæрæджы бын æмæ йæ рахиз къухæй йæ тых, йæ бонæй дзæнгæрæджы æв- загыл баст бæндæн тылдта. Æфсæйнаг æвзаг йæхи хоста дзæн- гæрæджы къултыл æмæ æнæаскъуыйгæ хъуыст «бом-бом-бом!» Къиазо скъолайы кæртмæ куы схæццæ, уæд æнæхъæн хъæу иууылдæр уым уыдысты. Лæууыдысты æдзæмæй æмæ джихæй кастысты, сæ раздæры сæрдар хæрды куыд уæззаугай сцæйцыд, уымæ. - Уæ бонтæ хорз, адæм! - саст хъæлæсæй загъта Къиазо. - Æгас цу... - æнæбары бакодтой иуæй-иутæ. Къиазо фæхатыд: зæгъинаг цы уыд, уый сын Ботаз кæй загъ- та. Ныр сæйраг уыд йæхи зæрдæйы рохтыл æрхæцын. Никъала размæ ралæууыд: - Иууылдæр ам стæм, Къиазо, зæгъ нын æй, цæмæ дæ сæр- выстой? Къиазо йæ къухмæрзæнæй йæ ныхы хид асæрфта æмæ цыма хæстæрцыд уый аххос уыд, ахæм хъæлæсæй райдыдта: - Герман нæм дысон æрбабырста... Немыцаг фашисттæ су- дзынц горæттæ, хъæутæ, цæгъдынц сывæллонæй, зæрондæй... Советон адæм сæ къахыл слæууыдысты æмæ... Æмæ мах дæр... Йæ къухмæ хотых райсынхъом чи у, уый фæстæ нæ фæлæудзæн. Абонæй хæстон æрсидт райдыдта. Æнæхъæн бæстæ знаджы ныхмæ растад... Мах дæр хъуамæ... Къиазо ферхæцыд... Адæм æдзынæгæй хъуыстой. Устыты кæуын райхъуыст... 28 Евайы ма йæ къæхтæ тыхæй æрбахастой хæдзармæ. Йæ бон сдзурын дæр нал уыд. Кæрты тута бæласы бын Никъалайы арæзт даргъ бандоныл æрбадт æмæ йæ мидхъуыдыты ныдздзæгъæл: Никъала æмæ Сосо ацы бонты ацæудзысты... Кæд ма Бежан... Чи- зоны йæ ахуырæй нæ фæиппæрд кæной... Æз зыбыты иунæгæй баззайдзынæн... Налдæр Никъо ис ам... Цæй Никъойы кой ма кæнын, мæ хъæбултæ цæхæрмæ куы цæуынц...».
Зæрдæ фæрафт-бафт кодта, фæлæ æнцойадæн йæ сæрбос не ссардта. Стæй сыстад æмæ хæдзармæ бацыд, æхсæвæр æрцæт- тæ кодта æмæ дуарæй Сосо æмæ сыхæгты лæппу Джабе дæр æрбахызтысты. - Кæм уыдыстут, хъæбул, уæдæй нырмæ? - Мусы, - загъта йæ лæппу. - Цымæ Никъала та кæм и? - сабыргай бакодта мад. - Æрбацæудзæн, чызг у æмæ дын æй исчи скъæфы, - хъа- зыныл афæлвæрдта Джабе. - Ныр чызджытæ скъæфынц лæппуты, - загъта Сосо. - Уæд уал дзы дæу аскъæфиккой, уæззау дæ, цы? - Сбадут, бахæрут, - фынгмæ ацамыдта мад. - Ууыл дæ нæ фæхъыг кæндзыстæм, абон уыйбæрц фæкуыс- там æмæ нæм æмбæлгæ дæр кæны, - загъта Сосо. Бахсæвæр кодтой лæппутæ, иучысыл ма цыдæртæ адзырд- той, стæй Джабе сæхимæ ацыд. Мад æмæ фырт схуыссыдысты. Сосо уайтагъд афынæй. Ма- дæн йæ хуыссæг фæлыгъд. Йæ хъуыдытæ йæ кæмыты нæ ра- хæсс-бахæсс кодтой сæ базыртыл. Нæ йæ фæндыд хæсты æвир- хъау хабарыл хъуыды кодтаид, фæлæ йæ хъуыдытæй не ’фтыд... Уый размæ «Чапаев»-ы киноныв æвдыстой æмæ та йæ цæс- ты раз уыцы хæсты нывтæ растадысты. Цыма ногæй æвдыстой киноныв, афтæ ирдæй йæ уыдта. Цал салдаты-иу фæцæф æмæ æрхаудта, уал хатты-иу зæрдæ йæхи риуы къултыл бахоста... Рæстæг ыл тынг цъусгай цыд йæ хъуыдыты. Стыхст... Бредзайы та Матикъоты æнгузбæласы бын рæстæг афтæ тах- ти, цыма хæдтæхæгыл бадти... - Кæугæ нæ... Кæугæ ма кæн, æндæра дæ афтæ цæссыгкалгæ бадардзынæн мæ зæрдыл æмæ ма уæд мæнæй цæй хæстон уыдзæн... Чызг лæппуйы риуыл йæ сæр бакъул кодта æмæ куыдта, куыд- та ставд цæссыгæй... - Чи зоны, хуыздæр у кæй нæ бацардыстæм... Дæхиуæттимæ дын æнцондæр уыдзæн ме ’рцыдмæ... - Нæ, нæ... - йæ сæрыл схæцыд чызг æмæ лæппумæ хæрдмæ скаст. - Мин хатты мын æнцондæр уаид, дæ ус куы уыдаин, аф- тæмæй куы баззадаин... - тынгдæр ныккуыдта чызг.
- Басабыр у, мæхи Кети, худинаг у, уæдта нæм исчи хъусы, - ныллæг хъæлæсæй дзырдта лæппу чызгæн йæ хъусы. - Хъусæнт нæм, алчидæр æй хъусæд, æз дæу дæн, дæу, дæу\.. - лæппуйы риуы йæ цæсгом нымбæхста, афтæмæй куыдта чызг. ...Кæркуасæнты сыздæхт Никъала хæдзармæ... Бинонтæ фы- нæй уыдысты. Мидæмæ нал бахызт, тыргъы фæйнæджытæй арæзт сынтæгыл бахауд æмæ афынæй. 29 Уыцы чысыл хъæуæй хæсты дыккаг бон дæс æмæ ссæдз хæс- тоны ныццыд районмæ. Дæсæй сæ уыцы бон акодтой, иннæтæн та æмгъуыд радтой - фæсиддзыстæм, дам, уæм. Никъала дæр уыцы дæс лæджы номхыгъды уыд. Æнæхъæн хъæу афæндараст кодта хæстмæцæуджыты. Зæрæдтæ сæ цæссыг нæ урæдтой, фæсивæд сæхи фидар кодтой, худæг ныхæстыл архайдтой, фæлæ уæддæр зын бон уыд уыцы бон алкæмæн, тынг зын бон... Никъала цалдæр хатты рахъавыд йæ мадæн цыдæр зæгъын- мæ æмæ та-иу йæ хъуыды аивта. Ева йæхи ныффидар кодта, цæссыгкалгæ нæ арвыста йæ фыр- ты. Хъæуæй сæ куы ахизын кодтой, уæд йе ’фцæджы атыхст, апъа йын кодта æмæ йæхимид скуывта: «Хуыцау ма та мæ фесаф!». - Гыцци... - йæ дыууæ цонгæй йæхимæ æрбалвæста йæ мады Никъала. - Кæд-иу... - йæ ныхас нæ загъта кæронмæ. Йæ хъустæ сырх адардтой. - Цы, хъæбул? Зæгъ æй, циу? Йæ зæрдæ бауынгæг мадæн. - Ницы... - йæ мидбыл бахудт Никъала. Бæхмæ сгæпп ласта æмæ ма уæлбæхæй рахъæр кодта. - Ныффысдзынæн дæм, алцы- дæр дæм ныффысдзынæн! Хорзæй баззайут! Барæг йе ’мбæлтты фæстæ атындзыдта. Адæм кастысты барджыты фæдыл. Сæ бæхты къæхты бын рыг урс фæздæгау сыстад. - Цы йæ хъуыд? Цæуылнæ йæ сфæрæзта зæгъын?.. Кæд мын йæ уарзон чызджы фæдзæхста?.. Дæ мад дæ фæхъхъау, хъæбул, кæд кæрæдзи уарзут, уæд дæм æнæ мæ бафæдзæхсгæйæ дæр фæбаддзæн...» «^^о^у^ 284 Хй-^о-^
Дæс лæджы цас сты, фæлæ уыцы чысыл хъæуыл тынг фæ- зынд, цыма бынтондæр раафтид, ныссабыр. Чысылæй, стырæй сæ хъуыддæгтыл æфтыд уыдысты. Колхозы сæрдарæй Сауийы баурæдтой. Æфсадмæ уый ка- рæнты нæ кодтой, æндæра нырма хъæддых уыд, кусынхъом. Йæ фырт Ботазы бæсты та йын Къиазо колхозæн хынцæгæй рай- онæй абадгæ чызг Фаризæты скодта. Къиазойæн мады ’рдыгæй хицон баххæссыд æмæ уыдонмæ цард. Дæс боны фæстæ та районы æфсæддон комиссарад фæсид- тысты хæстмæ цæуынхъом нæлгоймæгтæм æмæ уæд æцæг ра- афтид хъæу... Ева уæдмæ алы хатт дæр йæхи Агозæй хызта, фæлæ постхæс- сæг сидæн гæххæттытæ куы схаста, уæд йæхæдæг бацагуырдта Агозы. Æфтауцдоны раз лæппуты цур лæууыд Агоз æмæ сын цы- дæртæ дзырдта. Æнæрхъуыдыйæ акаст скъæтты ’рдæм æмæ йæм зæронд тулдз бæласы бынæй Ева йæ къух куы фæтылдта, ома ардæм-ма рацу, уæд исдуг йæ бынаты сагъдау аззад, стæй тагъд къахдзæфтæй атындзыдта. Æввахс æм бацыд æмæ йын йæ цæсгоммæ фæрсæджы каст ныккодта. Ева йæхæдæг фæраздæр: - Агоз, иу хъуыддаг дæ курын... Зонын æй, фæхъыг мæм дæ, фæлæ мын «нæ» ма зæгъ... Кæд мæ иучысыл дæр æфсæрмы кæныс... Агоз ницы дзырдта. Кастис æм æмæ хъуыды кодта: «Фæзæронд, уæддæр йæ цæсгом бæмбæгау йæ къухтæ дæр урс, рæсугъд, цыма сæ æппындæр ницы ми кæны... Сылгоймаджы цæстытæм фæкомкоммæ æмæ загъта: - Дзур, цы дæ фæнды? Алцæуыл дæр разы дæн...». - Постхæссæг уæм сидæн гæххæттытæ схаста... Абон, кæнæ тæккæ райсом Азæимæ уæ къухтæ хъуамæ æрфыссат... Алцыдæр закъонмæ гæсгæ саразат... Ус бахус дæ цæсты раз, куыд нæ йæ ха- тыс? Алцы йæхи аххос кæны æмæ дæм нæ уæнды. Уыцы хъуыд- даджы та уæ аххосджын ничи у. Уæлдайдæр та сывæллон... Цæмæннæ хъуамæ уа йæ фыды мыггагыл фыст?.. Кæд мын ацы куырдиат сæххæст кæнай, уæд ма дын иу хъуыддаджы тыххæй балæгъстæ кæндзынæн... Кæд нæ, уæд ма уæгъды мæхи цы æгад кæнон...
Агоз алцæмæ дæр æнхъæлмæ каст, фæлæ Евайы дзыхæй цы фехъуыста, уымæ - никуы... Ацы сылгоймаджы хъæлæс ын алы хатт дæр цыдæр æхцондзинад лæвæрдта, ныр дæр æм адджын зарæгау хъуыст, фæлæ Агоз йæхæдæг цæмæ бæллы, уый йын цæмæннæ дзуры? - Цы ныхъхъус дæ? Æвæццæгæн дæм мæ ныхæстæ раст нæ кæсынц? Кæрæдзимæ иу рæстæджы бакастысты. Рæстдзинад æрт- тывта сылгоймаджы цæстыты, рæстдзинад æмæ сыгъдæг зæр- дæйы уаг. - Раст дæ, Ева... Ды раст дæ, фæлæ... Кæд дæ афтæ зæрдæйæ фæнды, уæд фод дæ ныхас... Чи зоны хæсты быдырæй здæхгæ дæр нал æркæнон, уæд мын бындар уæддæр баззайдзæн... Цы ма дæ хъуыд, æххæст уый дæр зæгъ... - Уæ къухтæ куы æрфыссат æмæ уæ куы фæндараст кæнæм, уый та дын уæд зæгъдзынæн, - Евайы былтæ сзыр-зыр кодтой, катайгæнаг цæстытæй скаст, скæуынмæ йæ ницыуал хъуыд, æмæ фæцæуæг. - Фæлæуу, Ева! - фæхъæр кодта Агоз, фæлæ усы цыд фæ- тагъддæр. Агоз, йæ фæстæ ацæуон куыд загъта, афтæ йæм цъерийы цъуп- пыл лæууæг лæппу рахъæр кодта: - Æрбакæстытæ-ма йæм кæн, Агоз, æрхизон æви ма йæм баф- тауон?! Агоз фæзылд æфтауцдоны ’рдæм æмæ уæззаугай ацыд... Изæрмæ йæ сæрæй уыцы хъуыды нæ хицæн кодта: «Цы зæгъын ма йæ фæндыд? Йæ фæстаг дзырдтæ кæуын- хъæлæсæй цæмæн загъта?». Дыууæ боны фæстæ хæстмæ кæй цыд, уый дзы рох дæр фæци. Уыцы изæр Азæмæ бацыд. Æндæр хатт-иу æм куы бацыд Агоз, уæд-иу Азæ цыфæнды æвзæр зæрдæйыл куы уыд, уæддæр-иу ыл хъæлдзæгæй сæмбæлд, сывæллонау æй рæвдыдта, худæн ныхæстæй йæ ирхæфста. Ныр дæр æй фæндыд йæ зæрдæйы маст бамбæхсын. Куыддæр къæсæрæй æрбахызт, афтæ йæ мидбылты бахудти, фæлæ йæ цæссыгтæ сæхигъæдæй æртылдысты йæ уа- дултыл. Агоз ын фæтæригъæд кодта. Уæдмæ дæр бирæ хæттыты ахъуыды кодта йæ уавæрыл, фæлæ зæрдæ æндæрæрдæм тыдта йæ,рохтæ.
Ацы изæр æм тынгдæр бахъардта йæ тæригъæд. Йæ дыууæ цонджы йыл æрбатыхта, йæ риумæ йæ балхъывта æмæ йын ныллæг хъæлæсæй загъта: - Ма ку, æдылы... Дæхи сцæттæ кæн æмæ райсом хъæусовет- мæ ацæуæм, нæ къухтæ хъуамæ æрфыссæм. - Ницæмæн мæ бахъуыд! Кæд афтæ æнхъæлыс ома ууыл кæуын, уæд нæ хъæуы... - хъæрæй ныккуыдта ус. - Нæ... Лæппу хъуамæ йæ фыды мыггаг хæсса... Ды дæр... Усы йæ лæджы мыггагыл фæфыссынц... - Хорз у, сывæллоныл кæй тыхсыс... Мæнæн мæ фыццаг амонд басыгъд... Ныр дæр хуыцау зоны, цы бауыдзынæн... - Цæмæн афтæ зæгъыс? Хæстмæ чи фæцæуы, уыдон иууыл мæлынмæ нæ цæуынц. Æрыздæхдзынæн æмæ цæрдзыстæм, адæм куыд цæрой, афтæ... Куыдта ус, куыдта хæкъуырццæй алцæуыл: йæ фыццаг амонд кæй басыгъд, тыхæй кæй бацард Агозимæ, фæлæ йæ сыгъдæг зæрдæйæ кæй бауарзта, Агоз æй кæй нæ бамбæрста... Лæгæн дæр йæхи маст уыд: сом сæ къухтæ æрфысдзысты, би- нонты хъуыддаг æгъдаумæ гæсгæ аскъуыддзаг уыдзæнд, фæлæ ацы дыууæ цардæй кæдмæ хъуамæ тона йæ бонтæ... Æцæг хæст- мæ иннæбон ацæудзæн, æмæ хъысмæт куыд зæгъа, афтæ... Йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд хæсты быдырæй ма æрцæудзæн æви нæ... Ацы зæхх, ацы цъæх арвæй фæхицæн уыдзæн æви нæ... Райсомæй хъæусоветмæ ацыдысты сыхаг хъæумæ, лæппуйы дæр семæ акодтой. Кæдæй-нырмæ æнхъæлмæ каст ацы бонмæ Азæ, цал æгъуыссæг æхсæвы арвыста ууыл хъуыдыгæнгæ, фæ- лæ æргом ницы дзырдта. Иухатт мæ кад мæ къæхты бынмæ æрæппæрстон æмæ мын фаг у, зæгъгæ. Ныр æрлæууыд ацы бæл- лиццаг бон, фæлæ йæ зæрдæ иу мур дæр нæ бацин кодта. Ацы хабар æрцыдаид æви нæ, уый йын цыма уæлдай нал уыд. Цыма æппæтдæр фесæфта йæ хуыз, йæ нысаниуæг... Фæстæмæ здæхгæйæ йæ цæстыл уадысты Агозимæ сæ фыц- цаг æхсæв, сæ цыбыр ацарды нывтæ. Иæ митæ йæм афтæ æлгъаг, афтæ ницæйаг фæкастысты, æмæ зæхх куы аскъуыдаид æмæ дзы куы ныххаудаид, уый йæ бафæндыд. Чысыл лæппуйы хъæл- дзæг цъыбар-цъыбур æй йæ хъуыдытæй фæиртæста. Тынгдæр æй балхъывта йæ риумæ æмæ уæд та йæ зæрдæйы тæригъæд- гæнаг æнкъарæнтæ базмæлыдысты.
«Цæмæн... Цæмæн радта хуыцау сылгоймаджы афтæ мæгуыр, тæригъæддагæй?», - цæссыг мидæмæ, зæрдæмæ лæдæрсти. «Ацы куырдиат дын сæххæст кодтон. Уый искуы, æвæццæ- гæн, æнæуыйдæр, сарæзтаин... Фæлæ дæ дыккаг куырдиат циу? Дæ зæрдæйы арфы ма йæ цæмæн æмбæхсыс?.. Цæмæн мын хъи- зæмар кæныс?..», - лæгæн йæ фæрсты чи цыд, ууыл нæ хъуыды кодта, фæлæ йе зноны фембæлдыл... Сæйраг фæндагæй хъæуырдæм куы рахызтысты, уæд сæ Бе- жан æрбаййæфта. Лæппу цыд тагъд къахдзæфтæй. Йæ галиу цонгыл - йæ костюм, йæ рахиз къухæй та чысыл чумадан хаста. Раздæрау сырхуадул нал уыд, мæллæг зынд. Йæ къæхты хъæр- мæ Агоз фæстæмæ фæкаст æмæ æрлæууыд. - Уæ бонтæ хорз, - загъта Бежан, стæй йæ чумадан æрæвæрд- та æмæ сын сæ къухтæ райста. - Гас цæуай, - загъта Агоз дæр æмæ йыл сæ дыууæ дæр бацин кодтой. Бежан йæ чумадан систа æмæ дзургæ цыдысты. - Дæ фæлварæнтæ фесты, æвæццæгæн? - бафарста йæ Азæ. - Гъо, знон радтон фæстаг фæлварæн. - Никъо куыд нæ рацыд демæ? - уый та Агоз загъта. - Никъойы ма ныр чи рауадздзæн, горæты сæйраг рынчындон госпиталмæ раивтой, Никъойы терапевтон хайады хистæрæй снысан кодтой. Хæстхъом дохтырты иууылдæр фронтмæ арвы- стой... Куыд у махмæ та?.. Мобилизаци нæма райдыдтой? Азæ ницы сфæрæзта зæгъын, зын ын уыд дзурын, уæд хъуа- мæ Никъала кæй ацыд, уый дæр загътаид. Агоз фембæрста æмæ уæззаугай загъта: - Райдыдта, Бежан, райдыдта... Иутæ ацыдысты фыццаг фæ- сидтæн, иннæтæ та райсом цæуынц. Куыст хъуырмæ, хъæуы та кусæг нал баззайдзæн. Зæрæдтæ æмæ сылгоймæгтæ цы ба- кæндзысты, нæ зонын... - Æз дæр нæ курсы студенттимæ хæсты фыццаг бон ба- цыдтæн æфсæддон комиссарадмæ, цæмæй нæ хæстмæ акодта- иккой, фæлæ нæ нæ ауагътой, нырма, дам, сымах хуызæн хъуы- мызбылтæм не ’рхаудтам, - ас лæгау загъта Бежан. - Æмæ раст загътой. Мах æнæсымах дæр Германæн фысым фæуыдзыстæм, - хъазгæйæ бакодта Агоз. Хъæуы Бежан сæхирдæм фездæхт.
- Дæ мадыл хуртæ ракæсдзæн, - йæ фæстæ ахъæр кодта Азæ. Лæппу фæстæмæ фæкаст æмæ йæ мидбыл бахудт. Уæды онг нæ ахъуыды кодта йæ мадыл. Уыцы уысм æй куыд тынг æр- фæндыд йæ мады æфцæджы атыхсын, чысылæй-иу куыд кодта, афтæ, æмæ йæ къæхтæ тагъддæр айста. Хæдзары дуар гом уыд. Куыдз, лæнклæнкгæнгæ, ралыгъд æмæ йын йæ къухтæ сысдæрдта. Мад хъæдын сынтæгыл хуыс- сыд, Бежаны ауынгæйæ, растад, фæлæ лæппу фæраздæр, бауад æмæ йыл ныттыхст. - Æрбацыдтæ, дæ сæрыл мæ æрхæсса хуыцау. - Дæу та æнæмæнг дæ игæр сагайдта, гыцци? Ацафон никуы фæулæфыс... Дæ хуыз мæ зæрдæмæ нæ цæуы, - Бежан æдзынæг ныккаст йæ мадмæ. - Дæ цæсты гагуытæ цыдæр бургонд да- рынц... Мад бахудти: - Дæ мад дæ нывонд, мæ дохтыр хъæбул... Раст дæ... Ныр мæ иу къуыри уæгъд нал уадзы... Кæдæй-нырмæ мæ нал баджиздардта. - Лæппутæ кæм сты? Сосо - хос кæрдынмæ... Никъала... Ацыди, хъæбул, хæстмæ... Мады зæрдæ суынгæг, фæлæ йæ цæссыгтæ нæ равдыста йæ хъæбулæн. Никъалайы кæй нал æрбаййæфта, уый йын зын уыд Бежанæн. Дыууæ мæйы бæрц æй нал федта. Нæ йæ равдæлд йæ ахуырæй. Ныр æй афтæ тынг æрымысыд æмæ йæ хъæлæс ауад йæ хъустыл: «Гъо, æрбацыдтæ, мæ профессор, æй дæ низтæ, гъе!.. Дæу, Чъребайы хæрæндоны буфетгæсау, урс халат æмæ цъупп урс ху- ды куы фенин, æндæр мæ ницы хъæуы», - афтæ дзы хынджы- лæг кодта Никъала, зымæджы фæлварæнты фæстæ Бежан сæхимæ куы æрцыд, уæд. «Ныр кæм ис?.. Куыд у?.. Кæд ма йæ фендзынæн, цымæ?..», - йæ зæрдæ йын æрбалвæста мæстджын хъуыды. 30 Уыд майрæмбон. Райсомæй сасæста. Арв афтæ æрфыгæл- хынцъ, тар цæсгомæй каст уæлейæ дæлæмæ, цыма ууыл хъуы- ды кодта, къæвда нызгъалон æви уал адæмы кусын бауадзон,
зæгъгæ. Афтæ æнæадæн баизæр, нæ хур бауарзта йæ цæст, нæ къæвда. Ева рафт-бафт кодта, йæ игæр æй агайдта. Æхсæвы йын афтæ тынг срыст æмæ йæ фынæй нал бауагъта. Райсомæй та Со- со хæстмæ цыд æмæ йын фæндаггаг æрцæттæ хъуыд. Стыр зынтæй растад кæркуасæнты æмæ уæларынг балæу- уыд. Бежаны дæр сыхъал кодта карк æргæвдыны тыххæй. Фæлæ райсомæй Сосойы куы фæндараст кодтой, уæд ма Ева- йы бон кæрты дуары онг ацæуын баци, стæй йæ къах авæрын нал бауагъта рыст, уæддæр ныфсытæ æвæрдта Сосойæн: - Ма мын тæрс, хъæбул, мæнæ нæ хæдзары дохтыр куы ис, тагъд радзæбæх уыдзынæн, фæлæ дæ фæдзæхсын, арæх мæм фысс дæ хабæрттæ. Сосо ныттыхст йæ мадыл. - Цæй, махмæ ’нхъæлмæ кæсынц адæм, - загъта Бежан. - Иу- нæг Сосо куынæ цæуы. - Лæгты дзуарæй фæдзæхст ут уе ’ппæтдæр. Ацу, хъæбул, рæствæндаг дæ фæкæнæд хуыцау... - æмæ та йæ къæсхуыртæ, уæздан лæппумæ куы бакаст, уæд йæ зæрдæ фæрыст: «Дæ мад амæлæд, æрмахуыр уæрыккау дæ дардтон, уым дын чи фæкæндзæн буц митæ...», - загъта хинымæр. - Фæндараст, хъæбул... Фæндараст... - æмæ та йын ныхъхъæ- быс кодта. Ацыдысты. Кæртæй ахызтысты лæппутæ. Мад кауыл банцой кодта æмæ сæ фæдыл каст. Æнæхъæн хъæу скъолайы раз æрæмбырд сты. Хъуыст сæ ху- дын, сæ кæуын. Чидæртæ архайдтой, цæмæй хъæлдзæгæй ар- выстаиккой бæлццæтты æмæ хъазæн ныхас кодтой: - Тагъд-иу æрыздæхут, чызджыты сымахмæ æнхъæлмæ гæс- гæ ма ныззæронд кæнут! - Уæдæ Германмæ мидæгмоймæ цæуæм? Тæрсгæ ма кæнут, къуыримæ нæ тъæпп ам фæцæудзæн... Агоз дæр уым уыд. Азæ æд сывæллон йæ цуры лæууыд, уый та йæ цæсты æнгасæй æндæры агуырдта, фæлæ нæй, нæ зын- ди... Æрæджиау федта: Бежан æмæ Сосо иунæгæй сцæйцыдысты. Фыццаг йæ буар атæвд, стæй фæхатыд - уазал хид ныккалд чъылдымыл. «Цæуылнæ рацыд лæппуты фæдыл? Дысон хъуццытæ дуцын- мæ дæр куынæ ссыд... Афтæ тыхджын фæрынчын æви мæн тых- хæй... Цыдæр зæгъинаг мын куы уыд...».
Размæ акъахдзæф кодта Бежаны ’рдæм. Азæ йæм^ сывæлло- ны бадардта. Агоз сæм бакаст æмæ фефсæрмы: сылгоймагæн йæ цæссыг лæдæрст йæ рустыл... Райста сывæллоны, апъа йын кодта æмæ Азæиы уæхскыл иæ къух æрæвæрдта: - Ма ку... Фидар фæлæуут! Тагъд æрыздæхдзыстæм... - Цæй, фаг у, рæджы нын кæны! - фæхъæр кодта Габе æмæ та ногæй хъæбыстæ, пъатæ... Схъомпал сты адæм... Бæлцæттæ атындзыдтой размæ... Адæм сæ фæстæ кæсгæйæ баззадысты. Стæй уæззаугай анкъуыстысты сæ хæдзæрттæм... Фæкуыстой адæм уыцы бон дæр. Куысты рæстæг тагъддæр цæуы. Æмæ та, алы хаттау, изæрæй иугай-дыгай скъолайы раз- мæ сæхи ирхæфсынмæ цыдысты. Ныр хъæуы ахæм хæдзар нал уыд, хæстон кæмæй нæ ацыд. Иуæй-иу хæдзарæй дыгай-æртыгай нæлгоймæгтæ ацыд æмæ бинонтæн сæ зæрдæ хæдзары нал лæууыд... Æддæмæ, адæммæ сæхи ластой. Хъæу, æнæуыйдæр, хъæрмуд цард кодта, ныр та сæ иумæйаг маст ноджы тынгдæр æрбангом кодта. Сæ цин, сæ хъыг иумæйаг уыд æмæ æнæхъæн хъæуы царды алы лыстæг хъуыд- даг дæр ам, скъолайы раз, фæзы, скъуыддзаг кодтой. Ам алыизæр хъазт арæзтой кæстæртæ. Фаризæт-иу фæндыр айвæзта, фыццаг-иу чысыл сывæллæтты акафын кодтой, стæй- иу стырдæртæ сæхимæ айстой хъазты рад. Сæ маст, сæ фæллад- иу суагътой адæм фæндыры зæлтимæ æмæ та-иу дыккаг бон сæ куыстыл æрлæууыдысты. Уыцы изæр дæр та скъолайы размæ æрæмбырд сты адæм, æмæ сæ зæрдæты тыппыртæ уагътой. Сæрдар Сауи дæр ссыд. Асиныл æрбадт, тамако сдымдта æмæ исдуг æнæдзургæйæ каст зæхмæ, стæй хъæрæй загъта: - Уæ хорзæхæй, мæрдджынты лæуд цы кæнут! Чи ма уæ кæд федта афтæ? Цы кодтат, никуы ницы æрцыд? Нæ фыдæлтæ хæст æмæ зынты иеддæмæ цы бавзæрстой. Цы кæнæм, знаг нæм æрбабырста æмæ йæ асурдзыстæм! Уæдæ ма нæ сагсур лæппуты цæмæн фæхъомыл кодтам, уыгæрдæнты цæвæгæй куынæ бав- зарои сæ хъару, хæсты быдыры та - æхсаргардæй?! - Æй, де ’взаг æмæ дæ зонды фæхъхъау фон дæуæн, Сауи, лæг дæ æмæ лæджы ныхас загътай. Ныр къуыри дæргъы ацы усы фурт-фуртмæ хъусын мæ бон нал у! - загъта зæронд Сесе.
- Нæ, мæ дзæбæх хъæубæстæ, афтæ гæнæн нæй. Маст ницы хос у. Сæр нæ бахъуыд æмæ кусгæ! Ам нæ чи баззад, уыдон дæр хæстонтæ сты, мæ хуртæ, ам дæр хæст у: хæстмæ кæй арвыстам, уыдон уым хæрын хъæуы, дарæс сæ хъæуы, хæцæнгарз... Нырмæ куыд куыстам, уымæй бирæ тынгдæр хъæуы кусын, архайын. Иунæг æфсир дæр хъуамæ ма фесæфа дзæгъæлы. Райсом, сы- вæллæттæй æххуысхъом чи у, уыдон уемæ ракæнут. Цы æмбæ- лы, уымæй дыууæ хатты хъуамæ фылдæр радтæм паддзахадæн мæнæу, дзидза, цыхт, царв... Гъе, уый уыдзæн нæ лæгдзинад, уый йеддæмæ кæуын æнцон у... - Раст зæгъыс, тынг раст! Цыдæриддæр нæм ис, иууылдæр сæ ратдзыстæм. Уым мæ хъæбултæ хæсты быдыры сæ туг калой æмæ æз та ам царв хъуыллупп кæнон, уæд мын марг фестæд, - скуыдта Кеке. - Уæдæ афтæ, мæ хуртæ. Æмбырд æрсидынмæ хъавыдтæн æмæ ай дæр æмбырд у, уæдæ циу? Иууылдæр ам стут. Зæгъинаг нæм цы уыд, уый загътам. Фæлæ ма уæ хъуамæ иу хъуыддагæй бафæрсон: Агозы бæсты фермæгæсæй кæй бауромæм? Цы зæгъ- дзыстут? - Дæхæдæг равзар, Сауи, ды сæрдар дæ æмæ... Къух дын чи рад- та куысты, ууыл мах дæр разы стæм, - загъта та Сесе. - Нæлгоймæгтæй ахæм ничиуал баззад. Сылгоймæгтæй ис- кæйы бæрны куы бакæниккам хъуыддаг? - Уым диссагæй ницы ис. Иуæй-иу хъæуты сылгоймæгтæ кол- хозы сæрдарæй куы кусынц, - загъта Падо. - Гъо, æмæ уæдæ Евайы бауромæм. Фермæйы рагæй кусы. Хъуыддаг хорз зоны. Уæ зæрдæ йыл ницæмæй фæхуддзæн. Кæм ис, ам куынæ зыны? - Рынчын куы у, Сауи. Йæ фырты дæр куынæ афæндараст код- та, мæгуыр, - æрхæндæгæй бакодта Елбачион. - Ницы кæны, радзæбæх уыдзæн. Хъугдуцæгæй та йын йæ бæсты чызджытæй искæй барвитæм, мæнæ Уардисы, - аскъуыд- дзаг кодта Сауи. - Ныр цæуæм, баулæфæм, сом та кусгæ. - Сарæхсдзæн. Ева зондджын сылгоймаг у, хæдзардзин, - дзырдтой сылгоймæгтæ сæ хæдзæрттæм цæугæйæ.
31 Гъе, афтæ... Æрбабырста нæм знаг æмæ хæстмæ ацыдысты нæ фæсивæд, нæ хъæбултæ. Ацыдысты æмæ мах та - сылгоймæгтæ, сабитæ, зæрæдтæ зæрдæхсайгæ, зæрдæрисгæ уыдон бæсты дæр куыстам æмæ нæхи бæсты дæр. Куыстам нæ тых, нæ бонæй... Куыстам æхсæвæй, бонæй. Хæсты фыццаг аз уæддæр æнцондæр æмæ æдыхстдæрæй ар- выстам. Алцы æрцæттæ кодтам зымæгмæ. Ницы хъуаг бавзæрс- там адæмæй, фосæй, æфсадмæ чи ацыд, уыдон куысты бæркадæй. Фæлæ ралæууыд уалдзæг. Хъуыд хуым кæнын, тауын... Кæм уыд кусæг тых... Кæд ма уыд ирон сылгоймаг-гутондар, фæлæ æндæр фæрæз нæ уыд... Цæвæгæй дæр мах, сылгоймæгтæ карстам æмæ æнхъæл куыд нæ уыдыстæм, афтæ бирæ нын æнтыст. Чи загътаид, мæ хуызæн æдых сылгоймаджы бон колхозы фермæйы гæсæй кусын бауыдаид, фæлæ сæрбахъуыды рæстæ- джы адæймаг фидар у æмæ æз дæр фæрæзтон. Алцæуыл архайд- тон: холлаг фаг æрцæттæ кæныныл, æхсыры донхъ фæфылдæр кæныныл, родты æнæнизæй схъомыл кæныныл... Цас хъуыд- дæгтæ хъуыд аразын... Уыцы тыхст рæстæджы ноджы тынгдæр бангомис нæ хъæу. Æхсæвæй, бонæй иумæ уыдыстæм, нæ цæхх, нæ кæрдзын дæр иумæйаг, нæ хъыг, нæ цин дæр... Хæсты фыццаг аз нæ хъæумæ никæй сау гæххæтт æрцыд. Фыстæг-иу нæ исчи куы райста, уæд алкæй уыд уый дæр - иумæ йыл цин кодтам. Фæлæ-иу мæ лæппутæ тынг æрæгмæ фыстой. Æниу æрæгмæ нæ, фæлæ Никъалайæ иунæг фыстæг йеддæмæ нæ райстон. Фæндагæй мæм æрæрвыста. Фыстæджы кæрон мын фæдзæхста: «Кæд дæ чындзаг йæ цæгаты тыхса, уæд-иу æй дæхимæ ра- кæн, гыцци. Чизоны дын хъæбулы хъæбул дæр балæвар кæна, уæд мæ ныфс ис, ды, искæйтау, азымы кæй нæ дардзынæ дæ чындзы, æгъдаумæ гæсгæ мын кæй нæ бантыст йе ’ркæнын, уый тыххæи». - Уæдæи фæстæмæ дзы ницыуал бæрæг фехъуыстон. Сосо та фыста, нырма, дам, нæ артиллерион скъолайы ахуыр кæнынц, стæи хæстмæ куы ацæуæм, уæд, чи зоны, уыйас рæстæг нал фæуа фыссынæн, фæлæ, дам, ма мæт кæн. Йæ зæгъын æнцон
у, «ма мæт кæн», фæлæ дзы мæтаг фагæй уæлдай уыд. Газеттæй хъуыстам, немыц размæ бырсынц, зæгъгæ. Иугæр Дзæуджы- хъæумæ куы æрбаввахс сты, уæд ма чердæм ма мæт кодтаин?.. Иннæахæм мæ чындз... Уыцы маст ма мын нæ фаг кодта æмæ уымæй дæр фæхайджын дæн. Йе ’фсымæртæ сæ дыууæ дæр хæс- ты фыццаг аз ацыдысты æфсадмæ. Хæдзары йæ зæронд мад æмæ фыдимæ баззад Кети. Зымæджы йæ сывæрджын куы рахъæр æмæ йæ йæ фыд куы базыдта, уæд йæ бон хыл дæр нал баци, дык- каг райсом æй йæ уаты мардæй баййæфтой. Ныццыдтæн, бирæ фæлæгъстæ кодтон: рацу, мемæ цæр, зæгъын, дæхи хъæуы дын зындæр уыдзæн, куыд мæхи хъæбул, афтæ цæрдзыстæм иумæ. - Зын мын у, фæлæ мæ мад дæр тæригъæд у. Мæ чындзимæ, æнæуыйдæр нæ фидыдтой. Ныр æнæмæн нæ бафæраздзæн. Цы бакодтон, ууыл та иу мур дæр нæ маст кæнын... Сæр мæ куы бахъæуа, уæд æй зон, дæуæй дарддæр мын фæндаг никуыдæм ис, - загъта мын æмæ мыл ныттыхст, йæ цæссыгтæ нызгъæл- дысты мæ риуыл. - Ма ку, мæ чызг, алцыдæр йæ бынаты уыдзæн, мæ хъæбулы номыл чи фæбада, уымæн мæ риуыл фæндаг. Куыддæр дын дæ зæрдæ зæгъа, афтæ мæм фæбæрæг кæн æмæ дæ акæндзынæн. Ме ’фсымæры ус Гыгыйæн ныффæдзæхстон, дæ хъус æм дар æмæ мæм бæрæг кæн, зæгъын. Уалдзæджы Кетийæн лæппу райгуырд æмæ ацыдтæн мæ чы- сыл хъæбулы уынынмæ. Мæ чындз афтæ райгонд, афтæ хъæл- дзæг уыд, æмæ мæ зæрдæ барухс: «Мæ сæр дæ нывонд, тыхджын уды хицау дæ, ницы дæ ба- сæтдзæн», - ахъуыды кодтон мæхимидæг. - Йæ фыды хуызæн у иууылдæр. Ды мын цы ном равзарай, уый йыл сæвæрдзынæн, - загъта мын хъæлдзæгæй мæхи Кети. - Цæй ирон лæг у, æмæ йыл ирон ном сæвæрæм. Батрадз ном дæ зæрдæмæ цæуы, мæ чызг? Уæдта Сослан? - Сослан мæм хуыздæр кæсы, цыбыртæй йæ Сосо хондзыстæм æмæ нæхи Сосо куы ’рцæуа, уæд ын æхсызгон уыдзæн, - уыцы райгæ цæсгомæй мын загъта мæ чындз. - Де ’рхъуыдыйы фæхъхъау мæ уд, мæ зондджын чызг, ныпъ- пъа йын кодтон йæ ныхæн. - Кæд дæ акæнон нæхимæ? - бафар- стон та йæ. - Куы дын загътон, деда1. Мæхæдæг дæм цæудзынæн. 1 Деда - гуырдзиагау гыцци.
Уый фæстæ дæр арæх цыдтæн мæ чысыл хъæбулы уынынмæ. Кети мыл алы хатт дæр хъæлдзæгæй æмбæлд, сывæллоныл бын- тон æрратæ кодта. Мæ зæрдæ мæм алы ныццыдæн дзырдта: «Акæн æй, акæн æй, зын ын у ам». Никуы мын ракуымдта æмæ-иу Гыгыйы бафарстон: - Куыд у мæ чындз? Кæд нæ тыхсы? Уый мын хъаст кæнынмæ фæци: - Ех, Ева, тыхсы нæ, фæлæ иу бон дæр æнæфæкæугæ никуы фæвæййы. Хъæуы хабар нæ зоныс, - дам-думтæ йыл кæнынц, æнæлæгæй, дам, хъæвдын аппæрста, йæ фыд, дам, дзы мæрдтæм æнæдзургæйæ ацыд, цынæ хауы сæ дзыхæй. Йæ чындз та йæм сæ скъæфгæ бакæны, йæхæдæг дæр ма сæм афтауы æмæ мæгуыр чызг йæхи йæ цæссыгæй фехсы. Мæ зæрдæ фæрыст. Æз мæ чысыл хурмæ мæ былтæ ’хсынын, мæ чындзы уындæй не ’фсæдын, уый та ам тæригъæдæй йæ хъиутæ хæры. Иæ цæгатмæ та йæм фæстæмæ баздæхтæн æмæ йæ разы ныз- зоныгуыл кодтон: - Рацу мемæ, хъæбул, рацу... Дæ къух дын уазал доны нæ ату- лын кæндзынæн, рацу... Мæ бон цы уа, уымæй дæ ницæмæй ба- тыхсын кæндзынæн. - Иу цъус уал мæ бауадз, деда, иуцъус, сывæллон уал фæфидар уа, - уыд йæ дзуапп. Рацыдтæн, фæлæ мæ зæрдæ мæстæй тъæппытæ хауд. Æнæхъæн зымæг мыл катайæ ныддаргъ. Стæй уыцы бонæн мæ уд йæ фæхъхъау... Уалдзыгон бон уыд, фæхъарм, фосы æддæмæ ра- уагътон, хурмæ сæхи айтынг кæной, зæгъын, - кæсын æмæ дæлæ дыууæ сылгоймаджы ссæуы æргъæмттимæ! Фырцинæй мыл мæ сæрæй ныма мæ къæхты бынмæ цыдæр тæвд рауагъдæуыд, чы- сыл ма бахъæуа, мæ бынаты ’рхауон. - Кети, мæхи Кети... Мæ чызг... Уый ды дæ?.. Мæ кæуынмæ чысыл Сосо дæр скуыдта. - Мæ фыдбылызтæ дæ хай, кæд нæ сæрра дæ... - фæхъæр мыл ласта Гыгы. Кетино йæ мидбылты худт, йæ цæссыгтæ та донау лæстысты иæ уадултыл... «Гъех, мæ чызг, мæ сыгъдæгзæрдæ чындз... Чи йæ зоны, цытæ хъуыды кодта уыцы уысм... Уый ссыд йæ уарзон адæймаджы уæзæгмæ æнæчындзæхсæв, æнæ Никъала, йæ фыды чи нæ зыд-
та æмæ йæ чи никуы базондзæн, уыцы чысыл фыртимæ. Æвæц- цæгæн уæд алцæуылдæр хъуыды кодта, алцыдæр йæ цæсты- тыл уад æмæ иурæстæджы уымæн худти æмæ куыдта. Æз æй бамбæрстон, æмæ ноджы тынгдæр фæрыст мæ зæрдæ, ноджы йæ фылдæр бауарзтон. Мæ чындз мæнæй æнамонддæр сылгоймаг разынд...». Цардыстæм иумæ, кæрæдзийыл хъæцынхъом нæ уыдыстæм. Нæ чысыл хъæбул къахæй цæуын райдыдта. Хæрзхуыз, æнæниз лæппу уыд. Иугай ныхæстæ дыгъал-дыгъул кодта. Мæ лæппутæм мæ зæрдæ куыд нæ æхсайдта, фæлæ... Уыцы зын бонты мын мæ чындз Кети æмæ мæ чысыл Сосо æнæхъæн цард æрхастой. Ба- зыртæ мыл разад, æхсæвæй, бонæй æрæнцой нал зыдтон, цыма мæ фæллайын бынтондæр ферох, ахæм тых æмæ мæм ныфс æрбахастой ацы дыууæ сыгъдæг уды. Хъæу мæ цинмæ радысты, узæлыдысты мæ чындз, мæ чысыл фыртыл. Фæлæ мæ цин бирæ нæ ахаста... Апрелы фæуды постхæссæг Ботазы сау гæххæтт схаста æмæ нæ хъæуыл цыма уыцы бон ныккодта тохы бон... Фыццаг сау гæххæтт нæ хъæумæ!.. Уæдæ мæлынц хæсты нæ хъæбултæ... Уый та чи нæ зоны, хæсты мæлгæ дæр кæнынц, цæфтæ дæр... Фæлæ райстам гæххæтт, сау гæххæтт: «Дзеранты Савелийы фырт Ботаз хъæбатырæй фæмард...». Нæ хъæр, нæ богъ-богъæй хæхтæ рызтысты. Сауи тыхджын лæг уыд, фæлæ уый дæр нæ урæдта йæ фырты маст. Æдзух сæргуыбырæй æмæ уæнтæхъилæй цыд. Кетимæ дæр тынг бахъардта нæ хъæуы иумæйаг маст. Дыууæ боны йæ чеппыл нæ уыд. Къуымты рацу-бацу кодта, нæ ног хæ- дзары тыргъы-иу æдзынæгæй лæууыд æмæ дард кæдæмдæр каст. - Деда, куыд цъус, тынг цъус цыдæртæ ма ис нæ хæдзары ара- зинаг... Æмæ уый тыххæй... - йæ ныхас кæронмæ нал бафæрæзта зæгъын, йæ сæр мæ риуыл авæрдта æмæ ныккуыдта. Æз ын йæ хъуыды бамбæрстон: ацы ногхæдзары фæудмæ каст сæ чындзæхсæв æмæ сын нал бантыст. - Ма ку... Ма ку, дæ сæрыл мæ æрхæсса хуыцау, æрцæудзæн дæ цардæмбал... мæ хъæбул æмæ уын ахæм чындзæхсæв скæндзы- нæн йæхи арæзт сæндоны сæнæй... Æнæхъæн комы æрхондзы- нæн, - йæ сæр ын къухæй даудтон, мæ пъатæй йын йæ цæссыг сур кодтон.
- Деда, - йæ сау, æрттиваг цæстытæй мæм æрбакаст, - æз дæуæн барæй нæ загътон, хæдзарæй тæргай кæй рацыдтæн... - ?! - Мæ хистæр æфсымæр^Ило хæстæй кæй æрцыд, уый дæр дын барæй не схъæр кодтон... Йæ уынынмæ ацыдаис æмæ, цалынмæ ам дæн, уæдмæ мæ нæ фæнды фенай йæ... - Уый та куыд, мæ чызг?.. Нæ дæ бамбæрстон, цы зæгъынмæ хъавыс? - Æз хъуамæ ацæуон, деда... - Кæдæм, мæ чызг? Афтæ тагъд мæ цæмæй сфæлмæцыдтæ. Дæ уындмæ кæсынæй куынæма бафсæстæн. - Æмбарын дæ, деда, æз алцыдæр хатын... Ды дæр мæ хъуамæ бамбарай: нæу мæ бон ам бадын... Ды нæ зоныс, мæ уарзондæр æфсымæр Ило мын мæ зæрдæ куыд фæриссын кодта. Куы ’рцыд æмæ мæ æд сывæллон куы ’рæййæфта, уæд уыцы бон ницы, фæлæ мын дыккаг бон афтæ: «Нæ бакодтай раст, мæ хо. Раджы дæ куы бафæдзæхстон. Ды зоныс, ай цы хуызæн хæст у? Нæ йæ зоныс, нæ йæ федтай дæхи цæстæй æмæ дæм ницы кæсы. «Хæст фæуыдзæн æмæ мын Ни- къала ’рыздæхдзæн, æз та йын ам фырт хъомыл кæнын», - ды афтæ хъуыды кæныс, фæлæ... Æз мæ рахиз цонг ныууагътон хæс- ты быдыры æмæ ма мæ сæр уæддæр æрхастон, ахæм амонд стæмтæм æрхауы, нæ хæстонтæй се ’ртыккаг хай дæр нал æрыз- дæхдзæн хæсты цæхæрæй. Цæмæй зоныс, дæуæн дæр дæ амонд... Æз ыл фæхъæр кодтон: - Бузныг, стыр бузныг! Дæ ныфс мын бирæ! - æмæ Таймураз- тæм ацыдтæн. Таймуразы хæдзары нæ баййæфтон, фæлæ Гы- гыйæн ныллæгъстæ кодтон, зæгъын, рацу мемæ, ме ’фсины фенын мæ фæнды. Сразы мын ис. Мæ зæронд мадæн бæргæ тæригъæд кæнын, фæлæ ныр йæ фырт йæ цуры уыдзæн... - Æмæ ма уæдæ цæмæн тагъд кæныс уæхимæ, хъæбул? Цæр мемæ, дæхи куыддæриддæр фæнда, афтæ... Чи зоны нæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нал бахъæуа. - Æмæ афтæ æнхъæлыс æмæ нæхимæ здæхын? Нæ, деда, го- рæтмæ цæуын, медицинон хойы курсытæ фæуыдзынæн æмæ стæй хæстмæ... Æз хъуамæ ссарон Никъайы, бæстæ куы сфæлдæ- ха, уæддæр æй хъуамæ ссарон! Дыууæ азы рацыд æмæ дзы ныр- ма бæрæг нæй... Кæд удæгас у, ссардзынæн æй, кæд нал... уæд та йын хъуамæ йæ туг райсон...
Хъуыстон мæ чындзмæ æмæ дзы бузныг уыдтæн, афтæ тынг мын кæй уарзта мæ хъæбулы, фæлæ мæ зæрдæ рыст, дзынæзта. «Куы ацæуай, уæд та мын ды дæр мæты хос куы дæ, мæ кæй- дæр хъæбул». - Нæ, мæ дзæбæх, мæ зондджын чындз, ды афтæ нæ бакæн- дзынæ. Сылгоймаг авдæн хъуамæ уза, йæ артдзæст хъуамæ хъахъхъæна, сылгоймаг хæстæн нæ равзæрд зæххыл. - Нæу мæ бон, деда, мæ бон нæу, ауадз мæ... - йæ цæссыгтæ ’рызгъæлдысты. «Гъех, мæ сыгъдæгзæрдæ, мæ уарзæгой чындз, дæ разы мæхи куы амардтаин æмæ дæ куынæ ауагътаин... Фæлæ цæмæй хæйрæг уыдтæн курсытæм нæ, фæлæ хæсты быдырмæ цыдтæ... Зæгъын, цалынмæ курсытæ фæуд кæна, уæдмæ кæнæ Никъалайæ исты бæрæг уыдзæн, кæнæ хæст фæуыдзæн... Æмæ ницыуал зæгъын сфæрæзтон. Уыцы бон æз, æнæсæр каркау рафт-бафт кодтон, уый та мын мæ къуымтæ æфснайдта, алцы ныхсадта, ныссыгъдæг кодта, сывæллоны ныннадта, йæ дзаумæттæ хызыны нывæрдта. Æхсæ- вы лæппуйы йæ цуры схуыссын кодта. Мæ хуыссæг фæлыгъд. Ха- тыдтон æй уый дæр йæ уаты улæфын кæй нæ фæрæзта. - Деда, бафынæй дæ?.. - Нæ, мæ чызг, нæма... - Ма мæм фæхъуыг у... Æз дзурын не сфæрæзтон, мæ цæссыг мæ хъуыры ныббадт. - Зонын æй, зын дын уыдзæн сывæллонимæ, фæлæ йын дæ- уæй хуыздæр хицау ныртæккæ а зæххыл ничи ис... Цæмæй зыдта мæ зондджынтæ чындз, абоны онг дæр уыцы иунæг уидаджы фæрцы кæй лæууын мæ къахыл... - Цæмæннæ исты зæгъыс, деда! - Цы, мæ чызг?.. Цы хъуамæ зæгъон?.. Æнæдæу мын зын уы- дзæн, æндæра сывæллоны тыххæй иу уысм дæр дæ зæрдæ ма- куы фехсайæд... Мæ удæгасæй ницы цухуыдзæни... Æрæгмæ бафынæй стæм, æви бынтондæр нæ бафынæй код- там, уымæн дæр ницы бамбæрстон. Райсом фынæй сывæллонæн фæпъатæ кодта, йæ хæдæттæй йын иу къухтæмæрзæнау батых- та, йе тары йæ нывæрдта æмæ мæм æрбакаст. Йæ цæсгом - фæлурс, йæ цæстытæ - сырх. Ныттыхстыстæм кæрæдзийыл... Æмæ ацыд, цалынмæ лæппу хъал кодта, уæдмæ йæхи айста... Ахизын æй кодтон.
Къанторæйы цур æм Фаризæт æнхъæлмæ каст. Районмæ цыд уый дæр. Куы ’рбаздæхтæн, уæд къулыл кæсæнмæ фемдзаст дæн: кæ- сæны бынæй мæм сауцæст, саудзыкку чызг худти. Иæ чызгон ныв мын ныууагъта зæрдылдарынæн... Бирæ рæстæджы фæстæ æз уыцы ныв Никъалаиы нывимæ баиу кæнын кодтон, цыма иумæ ист уыдысты, афтæ, стæй сæ нывисæгæн сыстыр кæнын кодтон. 32 Чысыл Сосо йæ мады тынг мысыд æмæ йæ иудадзыг мæ хъуы- рыл ауыгъдау рахæсс-бахæсс кодтон. Æхсæв дæр мæ цуры фы- нæй кодта. Уыцы райсом дæр та мæ фосмæ базылдтæн, ахæрын кодтон лæппуйæн уæлахсджытæ, стæй йæ аккой кодтон æмæ фермæмæ ацыдтæн. Мæхи сывæллæтты-иу Бетионæн æнæхъæн бон ныу- уагътон, фæлæ Сосойы иу уысм дæр мæ бон никæмæ уыд ныу- уадзын. Хæрды нæ Сауи сæййæфта: - Уæ райсомтæ хорз, Хъуылымбегтæ! Ацы къæбæда дæр кусынмæ цæуы? - лæппуйы ме ’ккойæ айста. - Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд, Сауи. Мемæ йæ ракæнын, цы бакæнон... Куыддæр ыл никæуыл æууæндын. - Гъех, мæнæн дæр куы ныууагътаид ахæм бындар мæ фырт... - цыма йæхинымæры дзырдта, афтæ ныллæг хъæлæсæй бакод- та Сауи. Сауийæн йæ хистæр лæппу Æмзоры дæр хæсты райдианы акодтой фронтмæ. Уымæн дыууæ лæппуйы уыд, фæлæ уыдон тыххæй ницы мæ бон ской кæнын баци. Ботаз та... Ботаз ссæдз- аздзыдæй бахаудта хæсты цæхæры æмæ цардæй ницы федта, афтæмæй фæци йе ’взонг уд. - Ева, районæй нæм сæрвыстой, дзидзайы цæттæйæн, дам, стуртæ раскъæрут. Ацы азы пълан нын æххæст у, фæлæ уавæр куы дома, уæд пълан цы давы? Галтæй куы аскъæрæм, уæд ма кæнæ най цæмæй кæндзыстæм, кæнæ хос цæуыл ласдзыстæм. Фæлтау хъуццытæй равзарæм, хуыскъ сæ чи у кæнæ къаддæр æхсыр чи кæны, ахæмтæ.
- Ис дзы ахæмтæ, Сауи. Фæлæ царв æмæ цыхты цæттæйы пъланыл уый æвзæрырдæм нæ фæзындзæн? - Уæдæ куыд бакæнæм? Афтæ сын зæгъæм: мах нæ пълæнт- тæ сæххæст кодтам æмæ нæ ныууадзут! Æмæ хæстонты дзидза кæй хъæуы, уый пълæнттæм хауы? - хъуыдыгæнгæ загъта Сауи. - Сауи, нæхи сæрмагонд фосæй баххуыс кæнæм... Æз мæ ды- гæрдыг ратдзынæн. Иннæтæ дæр фæстæ нæ фæлæудзысты. Ты- хæй нæ, бархийæ... Изæры æмбырд сараз æмæ фендзыстæм, чи цы зæгъа... Сауи мæм æрбакаст: - Алкæмæ дæр де ’рхъуыды куы уаид, уæд бæргæ... - Мæнæй сæм фылдæр ис ’рхъуыды дæр æмæ зонд дæр, изæры дæхæдæг фендзынæ... Фермæмæ нæма схæццæ стæм, афтæ нæм фæстейæ Фаризæт хъæр кæны: - Ева-а-а! Фæлæуут-ма, фæлæуут! - йæ рахиз къухы æртæ- къуымон фыстæг тилгæ згъордта хæрды. «Мæнмæ? Кæцыйæ?.. Никъала æви Сосо?..» Мæ зæрдæ мæ хъуырмæ схæццæ, фырадæргæйæ фæндаджы былыл мæхи ду- рыл æруагътон. - Фыстæг, фыстæг дæм, Ева!.. Дæ хæрзæггурæггаг мæн! - хъæргæнгæ нæм схæццæ Фаризæт. Радта мын æй мæ къухмæ. Æркастæн æм, фæлæ дамгъæтæ мæ цæстыты раз афтæ кафыды- сты æмæ йын ницы бамбæрстон кæцыйæ сæ уыд. - Бакæс æй, Фари... Бакæс нын æй... Сауи дæр æрбадт дурыл. Фари райхæлдта фыстæг æмæ каст: «Ма мæм фæхъыг у, гыцци, кæй дæ нæ федтон мæ ацыды агъоммæ. Нал мын фæци фадат. Ма мæт кæн, тагъд фендзыстæм кæрæдзи. Бынатмæ куы ныххæццæ уæм, уæд та дæм ныффыс- дзынæн æмæ мæм лæппуты адрестæ рарвит...». Цыдæртæ ма касти Фаризæт, фæлæ сæ нал хъуыстон. «Уæдæ Бежан дæр ацыд... Ацыд æмæ йæ уынгæ дæр нал фæкодтон... Никъо та цы баци, мæгуыр, Никъо?.. Уый тыххæй цæмæннæ исты фыссы?» - Сауи, постхæссæг ма де стъолы лагъзы газеттæ æмæ ца- вæрдæр гæххæттытæ нывæрдта, йæхæдæг, дам, сæ фендзæн, - загъта Фаризæт.
- Цы? - фестъæлфыд Сауи. - Цы гæххæттытæ? - Æмæ, гъа?.. - Хорз. Ацу къанторæмæ. Æз æмæ Ева фермæмæ цæуæм. Тыхæйты ма сраст кодтон мæ астæу æмæ ацыдыстæм. Цыппар хъуджы равзæрстам, фæлæ сæ нал бахъуыд аскъæрын. Изæры адæмæн сæ фылдæр скъолайы раз æмбырдæй бадты- сты æмæ ма сæм цæй сидын хъуыд. Сауи мын афтæ: - Зæгъ дæ хъуыды, Ева, адæмæн. Фыццаг æз рахæцын уæ фарс, фенæм, кæддæра цы зæгъиккой. - Мæ дзæбæх сыхæгтæ, районæй нæм сæрвыстой, дзидзайы цæттæйæн, дам, фос рыскъæрут. Уæхæдæг æй зонут, нæ афæдзы пълан сæххæст кодтам, фæлæ хъуагдзинад, гæххæттыл цы фыст ис, уымæ нæ кæсы. Æххуыс хъæуы нæ хæстонтæн æмæ нæ кæ- мæн цы йæ бон у, уый хъуамæ баххуыс кæна. Æз мæ дыгæрдыг дæттын. - Дыууæ хъуджы нæм ис æмæ дзы иу та æз дæттын, - загъта Сауи, - Фаризæт, фысс номхыгъды, чи цы æххуыс кæны фронтæн. - Ныффысс, мæ хур, мæн дæр. Дыууæ фысы раскъæрут махæй дæр, - загъта Сесе. - Иу сæгъ та мæнæй, - уый та Бетъо загъта. - Уæныг æмæ нæм дыгæрдыг ис, уæныг сифтындзынæн бæз- зы æмæ ам бахъæудзæн, фæлæ дыгæрдыг раскъæрут, - загъта Пируз. Са^ийæн цыма йæ зæрдæ барæхуыстæуыд, уыйау фестъæл- фыд. Йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ йæ сæрмæ йæ дыууæ къу- хы быцæу радта, афтæмæй хъуыды кодта: «Арвит, Пируз, дæ дыгæрдыджы, арвит, дæ иунæг фырты чын- дзæхсæвы ма йæ акусарт кæндзынæ, цы?..». ...Уыцы бон постхæссæг сæрдары лагъзы цы гæххæттытæ нывæрдта, уыдон æхсæн Пирузы лæппу Гегайы сау гæххæт дæр уыд. Постхæссæг зыдта, ахæм цыппаркъуымон конверт хорз ха- бар нæ бахаста Сауитæм æмæ нал бауæндыд йæ бахæссын. Сауи дæр æй не схъæр кодта. «Нæ хъæуы. Уыдон тæригъæдмæ кæсын кæй бон бауыдзæн. Æз дæр ма куы ’нхъæлмæ кæсин», - ахъуыды кодта æмæ йæ арф бамбæхста. Æмæ та йæ цæстытыл ауад худæндзаст Гега. Пируз æхсæз чызджы фæстæ баци лæппуйы хицау, æмæ æнæхъæн бинонтæ фырцинæй æрратæ кодтой.
Буцхаст лæппу уыд Гега, зараг, кафаг. Сæныччытæ хизгæйæ- иу хъæуы сæр къуылдымыл рабадтысты Ботазимæ æмæ-иу зæл- ланг хъæлæсæй зарыдысты: «Сау хохы фыййау, дам, урс хохы фыййаумæ бадзуры...». - Уæдæ, ууыл фестæм, ничи уал ницы зæгъы? - бафарста Фаризæт æмæ Сауимæ номхыгъд радта. Колхозы сæрдар æй хъæ- рæй бакаст æмæ сæ чи цы радта, уый загъта, æрмæст Бигуызы цæст ницы бауарзта, афтæмæй та се ’гасæй фылдæр фос уыдо- нæн уыд. «Цæмæн рауæлдай кæна йæ фосæй, æвзæр чъынды куыдз, йæ бинонтæ йæ алыварс сты, кæй мæт кæны», - сусу-бусу кодтой устытæ. Æнæхъæн рæгъау рауад районмæ скъæринаг фосæй æмæ сæ дыккаг райсом арвыстам. 33 Уалдзæгæй фæззæгмæ ’хсæвæй, бонæй куыстам æмæ рæстæг тагъддæр цыд. Куы ахъуыды кæнын, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма нæ куыст фервæзын кодта. Нæ зæрдæты мастæн нын æп- пæтæй хуыздæр хос уый уыд, нæ тых, нæ бонæй куыстам. Зы- мæгмæ нæхи бацæттæ кодтам, фæлæ нæ тыллæгæн йæ фылдæр хай хоры цæттæйæн арвыстам, тауинаг дæр нæ хъуыд нывæрын æмæ нæхимæ хæрз цъустæ ’рхауд. Уымæ гæсгæ фылдæр нæхи картоф æмæ урссагæй хастам. Цæйнæфæлтау мæ чысыл хъæбул кæрдзынцух баййæфтаид, фæлтау-иу æнæхъæн бон дæр мæ дзыхмæ къæбæр не схастаин. Зымæгон даргъ æхсæвты-иу сыхы устытæ махмæ бадтысты æмæ хæстонтæн цъындатæ æмæ æрмкъухтæ быдтам. Иуахæмы æрдæгæхсæвæй ахызт, афтæ ацыдысты Азæ, Елбачион, Гассион æмæ Сауийы чындз Зарæ. Фыццаг Гассионы бакодтой сæ хæдза- ры онг, стæй Сауиты фæзилæнмæ куы сыздæхтысты, уæд Бигуы- зыл хæрхæмбæлд куы фæуиккой, йе ’ккой - голлаг. Устытæ йæ сæ иувæрсты ауагътой, стæй Азæйæн йæ зæрдæ фехсайдта æмæ хъæрæй загъта: - Ай цы фæхæссы, уæ мæрдтыстæн, ацы æнафоны?! - Æвæццæгæн куыройы уыд, уыдон, мæ хур, сусæгæй фес- сынц, - загъта Зарæ.
- Нæ, ам æндæр цыдæр хабар ис, - загъта та Азæ æмæ йыл фæхъæр кодта... - Фæлæуу, Бигуыз, аххуыс дын кæнæм! - æмæ йæ фæстейæ асырдта. Иннæтæ дæр йæ фæдыл атындзыдтой. - Ацæут уæ фæндагыл, ницы æххуыс мæ хъæуы, - рахъæр æм кодта Бигуыз, фæлæ ма йæ Азæ кæм уагъта.. Йæ голлагмæ йын февнæлдта æмæ... Мæнæу! - Кæцæй хæссыс ацы мæнæуы голлаг, Бигуыз?! - хъæр кæны Азæ йæ тых, йæ бонæй, цæмæй адæм ракæсой æддæмæ. - Фесæф, каца! Чи дæ фæрсы, цы хæссын æмæ кæцæй?! Амæрддаг у дæ хъæвдынмæ! - гуым-гуым кодта Бигуыз. Сæ хъæлæбамæ сыхæгтæй чидæртæ ракастысты, стæй но- джы фæфылдæр сты. Сауи дæр рацыд. - Цавæр у, цы кодтат? Адæмы фынæй кæнын цæмæннæ уа- дзут?! - бафарста Сауи. - Ацы голлаг кæм уыд Бигуызæн? Уыйбæрц мæнæу æгас хъæ- уы куыникæй фæци? - Азæ Сауимæ бауад. - Кæм дын уыд, Бигуыз?.. - уæззаугай йæ бафарста Сауи. - Гъа, уæ хъуыры аирвæзæд, нал мæ хъæуы! - Мæнæуы голлаг аппæрста Бигуыз, стæй фæцæуæг. Сауи йæ ацахста: - Ныртæккæ йæ сæккой кæн æмæ йæ кæцæй рахастай, уыр- дæм æй ахæсс, æндæра... - йæ дæндæгтыхъыррыст ссыд Сауийæн. Сæккой йын æй кодтой æмæ йæ колхозы къæбицмæ схаста, адæм дæр - йæ фæстæ. Къæбицæн ’хсæв хъахъхъæнæг Бигуы- зы зылынцæст лæппу Цамел уыд. Цы базонын ма нын хъуыд: тауинагæн нæмыггай цы мæнæу февзæрстам, уымæй йæ фыдæн æнæхъæн голлаг кæй сæккой кодта, стæй къæбицы фарсмæ цы чысыл къæс уыд, уым «хуыррыттфынæй» сыздыхта. Дыккаг бон хъæуы æндæр дзырд нал уыд: - Махæн нæ хæдзардарджытæ хæсты быдыры сæ туг калынц, Бигуыз та æд бинонтæ сæ артдзæсты бады æмæ ма ноджы адæ- мы фæллой дæр давы... Æрцахсын кæнын сæ хъæуы фыдæй, фыртæй! Цæргæ-цæрæнбонты хъæубæсты худинаггæнджытæ сты. Пируз хъуамæ Бигуызы æфсымæр уаид! Дзæгъæлы нæ фæ- кæнынц: мады гуыбыны дæр, дам, вæййы хъулæттæ. Сауи дæр йæ ныхас загъта: - Цы йæ зонын, уымæй Бигуыз хъæубæстæн цы разнаггад кæна, æппынæдзух ууыл архайы. Милицæмæ йæ радтам æмæ иыл уыдон стæрхон кæнæнт. Ахæм рæстæджы дæ хъæубæстæн
сæ иумæйаг тауинаджы муртæ адавай, уымæй стырдæр фыд- ракæнд знаг дæр нал рымысдзæн. - Хъоды йыл бакæнæм! - сдзырдта чидæр. - Цæргæ-цæрæнбонты хъодыгонд не сты, уæдæ цы сты? Адæмимæ куынæ хæццæ кæнынц! - загъта Азæ. - Ды та кæмæн фидис кæныс, æдзæсгом цыдæр?! Кæйдæр амонд тыхæй куы байстай æмæ ныр хъомыл кæн æнæфыд хъæв- дыны. - Азæмæ балæбурдта Бигуызы дæлæсин ус Лохон. - Банцай, Лохон, æфсæрмы дæр ма дзы хъæуы, - загътон ын æз, уæддæр ма цыдæр сцæйдзырдта, фæлæ уæдмæ Азæ Лохоны йæ быны ’ркодта. Мæнæ йын æй йæ къухтæй нæ байстой, уæд æй ныппирæнгæмттæ кодтаид. Бигуыз æмæ йæ фырты милицæ акодтой. Фыртæсæй æнæ- хъæн æхсæв фынæй нал фæрæзтон. Уыцы изæр нæм ничиуал æрбацыд сыхæгтæй æмæ раджы схуыссыдыстæм мæ чысыл ху- римæ. Æнæмæт фынæй кодта мæ лæппу мæ фарсмæ. Æз мæхи- мидæг хуыцаумæ куывтон: «Бузныг, хуыцау, стыр бузныг, уæддæр ма мæ зæрдæ цæуыл фæлæууа, уый мын кæй радтай...». Æгънæгау æй æдзух мæ хъуырыл дардтон, цард ын фестон, уæддæр дзы не ’фсæстæн. Уыцы æхсæв Азæ дæр, æвæццæгæн, æгъуыссæгæй арвыста. Райсомæй хъуццытæ дуцынмæ куы ссыд, уæд йæ цæсгом фæнык- гъуызæй схаста, йæ цæстытæ - рæсыдæй, цы базонын мын æй хъуыд, æхсæв фæкуыдта... Бамбæрстон æй, Лохоны фидисыл кæй маст кодта. Устытæ фæскуыст хæдзармæ куы цыдысты, уæд æз Азæйы фæурæдтон: - Азæ, иучысыл мæм фæлæуу, мæнæ мын цыдæр анымаинаг ис æмæ иумæ ацæудзыстæм. Уый мæм æрбакаст æмæ бандоныл йæхи ’рæппарæгау код- та. Æз хъуыды кодтон, цæмæй райдыдтаин ныхас, куыд ын бамбарын кодтаин, ахæмтыл маст ныртæккæ кæй ницы пайда уыд. Æвæццæгæн мын мæ хъуыды бамбæрста æмæ йæхæдæг фæраздæр и: - Ева, уый дæуæн байстон дæ амонд?.. Мæ цæстытæ атарытæ сты: -Сæррадæ, чызг?!
- Зонын æй, Ева, уырны мæ, ды Агозы никуы уарзтай, никуы дæр дзы смой кодтаис. Ды Никъойæн куынæ... - Уый цытæ дзурыс?! Никъо?!. - мæ фыртыхстæй ныхас нал ардтон, мæ цæсгом артау ссыгъд. - Æмбарын дæ... Æз Лохон нæ дæн, ницыæмбарæг, ницы æм- будæг... Хъыг дæм ма фæкæсæд... Хъуамæ дæ иу цæмæйдæр бафæрсон. - Зæгъæй! - Агоз дæуыл кæй æрратæ кодта, уый алчидæр зыдта, Ева, хъæуыл стыр цæст ис, уынаг... Чидæр уæ федта, хæстмæ цæуы- ны размæ бон, мæнæ, дам, уыцы тулдзы бын бирæ фæлæууыдыс- ты... Цæуыл дзырдтат уыйбæрц? Рæстмæ-иу æм кæсгæ дæр куы никуы бакодтай, цы дын загъта?.. - Сусæгæй нæ ныхас кодтам. Лæппутæ æфтауцдоны цъеритæ куы амадтой æмæ нæ иууылдæр уыдтой. Исты сусæг ныхас мæ куы фæндыдаид, уæд мæнæ ам дæр уыд мæ бон, демæ куыд ны- хас кæнын, афтæ. - Æрбахæссæггаг ныхас зын уромæн у. Æз ахъуыды кодтон, зæгъын, рæстдзинад ын куы зæгъон, уæд ноджы тынгдæр фæрисдзæн йæ зæрдæ, ома цалынмæ Ева нæ ба- цархайдта мæ хъысмæтыл, уæдмæ Агозæн йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, нæ къухтæ æрфыссын нæ кæй хъуыд... - Азæ, мæхæдæг æм кæй фæдзырдтон, уый дæр дын загъта- иккой æмæ дæумæ гæсгæ цы хъуамæ загътаин ахæмæй? Уыцы бон Сосомæ дæр схастой сидæн гæххæт. Цы æнæниздзинады хицау мын у, уый зонут æмæ ма мæ фыртыхстæй уый фæци мæ хъуыдыйы, зæгъын, æй искæмæн афæдзæхсон. Фехъуыстон, Агозы, дæр, дам, кæнынц æмæ йын мæ лæппуйы фæдзæхстон, зæгъын, кæд уæ нæ фæхицæн кæной, уæд мын-иу æм дæ хъус фæдар. - Æндæр ницы?.. - мæ цæстытæм мын нымдзаст Азæ. - Ницы. Кæд дæ нæ уырны, уæд дын расомы кæнон... - Нæ хъæуы.... Йæхæдæг æппын ницы загъта?.. - Загъта... Ды та, дам, мын ам мæ бинонтæм фæдар дæ хъус, мæ фыртмæ... Кæд, дам, нал æрыздæхон, уæд, дам, мын бындар уæддæр баззайдзæн... Уый мæм æдзынæг каст. Йæ цæсгомы хуызыл бæрæг уыд, мæ ныхæстæ йæ кæй нæ уырныдтой.
- Куынæуал æрыздæха, уæд дзы дæ мастæй мæрдтæм ницы фæхæццæ уыдзæн, - йæ былтæ зыр-зыр кодтой, афтæмæй мын ныллæг хъæлæсæй загъта æмæ нырма уый ахызт хатæны къæ- сæрæй, стæй та - æз. Дызæрдыгдзинад ын йæ зæрдæ ’хсыдта. Цы йын мæ бон уыд. Йæ разы ницæмæй уыдтæн зæрдæхудт. Мæхицæн мæ бинон- тыл катайæ мæ сæрыл куырой зылд, уæддæр-иу ын ныфсытæ авæрдтон. Æвæццæгæн, адæймаг зындзинæдты фæлтæры. Æмæ кæд нæ хъæуы иннæтæ мæ хæдзарæй тыхджындæр æмæ ныфс- джындæр бинонтæ уыдысты, уæддæр сæрбахъуыды рæстæджы мæнмæ згъордтой. Афтæ æрвыстам нæ бонтæ. Иунæг-иу гæх- хæтты гæбаз, хæстæй æрæрвитгæ гæххæтты гæбаз нын, æнæ- хъæн мæй цæуыл фæцин кодтаиккам, уый фаг уыд. Азæ мæ куы фарста, раст уыцы къуыри Агозæй фыстæг райста. Раджы йæ рарвыста. Æнæхъæн мæй фæндагыл бахъуыд, фæ- лæ уый цы давта - фыстæг райстам хæсты быдырæй! Æмæ та нын стыр цины хос фестад. Махæн нæ хъуыдыйы дæр не грцыд уыцы иу мæй цас туг калд æрцыд хæсты, чи зоны фыстæг куы ныф- фыста, уыцы бон дæр фæмард знаджы нæмыгæй йæ ныффыссæг. Азæ фыстæгыл тынг фæцин кодта. Ахæм сæрбæрзонд каст æй кодта алкæмæн, ома еныр дæр ма дызæрдыг кæнут, Агоз мæ сæрыхицау кæй у, ууыл! Мæнæн дæр тынг æхсызгон уыд, афтæ кæй фыста Агоз Азæмæ: «Кæд тыхсыс, уæддæр лæппуйы мацы хъуаг ныууадз. Дæхæдæг зоныс, куыд хъæддых фæлæудзынæ ме ’рцыдмæ...» Фыстæг иудадзыг йæ дзыппы хаста æмæ йæ арæх кастыстæм, фæстагмæ гæххæтт баихсыд æмæ дамгъæтæ нал зындысты, фæлæ йын уæдмæ йæ мидис æнæкæсгæйæ базыдтам. Стæй та æз райстон мæхи Кетийæ фыстæг. Йæ ацыдæй æнæхъæн афæдз рацыд. Алыбон æм æнхъæлмæ кастæн, зæгъын, а ныр æрцæудзæн, а ныр... Уый та фыстæг дæр не ’рвыста æмæ мæ лæппуты мастæй уый маст тынгдæр домдта. Уæддæр сылгой- маг уыд, æвзонг... Зæгъын, кæм ис, цы фæци? Æмæ, æнхъæл дæн, 44-æм азы дзы райстон фыстæг, фæззæджы, дард бæстæй, æд ныв, хæстон дзаумæтты ист ныв, йæ риуыл майдан. Фыста мæм: «Мæ фыццаг фыстæджы дæр дæ хатыр куырдтон, хæстмæ кæй цыдтæн, уый дын кæй не схъæр кодтон, уый тыххæй æмæ мын ныббар, деда, ныббар мын ацы гæдыныхас, курын дæ. Би- рæ зындзинæдтæ бавзæрста мæ уд, фæлæ мæ иу уысм дæр рох
не стут... Мæ чысыл хъæбулы хæдонмæ куы басмудын, уæд мæ- хи уæ цуры банкъарын... Æз æрыздæхдзынæн, деда, уырнæд дæ, æмæ дын дæ хæрзтæ бафиддзынæн. Нæхиуæттыл никуыма фæхæст дæн. Æрмæст иу хатт иу ирон хæстоныл фембæлдтæн, йæ мыггаг Бекъойтæй, уæззау цæфæй йæ æрластой æндæртимæ медчастмæ...» Мæ уарзон чындзæн йæ фыццаг фыстæг нæ раистон. Чи иæ зоны, кæм баззад фæндагыл. Ацы иунæг фыстæг уыд мæнæн фыццаг дæр æмæ фæстаг дæр. Бирæ ма фенхъæлмæ кастæн уый фæстæ дыккагмæ, йæхимæ, фæлæ нæй. Никуыуал разынд... 45-æм азы йын зымæджы йе ’фсымæр йæ сау гæххатт райста. Мæнæн æй нæ хъæр кодтой, фæлæ йæ уæддæр æрыхъуыстон æмæ Бредзамæ ацыдтæн. Гъех, мæ кæйдæр хъæбул, нæ бафсæстæ де ’гæрон уарзон- дзинадæй, нæ бафсæстæ, дæ уарзондзинад дын цы дидинæг ба- лæвар кодта, уымæ кæсынæй... Дард кæмдæр ын смыстай йæ хæдоны æхцон тæфмæ æмæ мæрдтæм демæ ахастай хъæбулы адджын тæф... Æз кувын мæ чындзы сфæлдисæгæн, йæ сыгъдæг удæн... Æвæццæгæн æй йæхи удæн нæ радта хуыцау. Мæ царды ныфсæн æй радта мæ иунæг чындзы... Чындзы ад дæр кæмæй базыдтон æмæ чызджы ад дæр, хъæбулы хъæбулы ад мын чи бавзарын код- та, уый афтæ раджы цæмæн хъуамæ ацыдаид ацы рухс дунейæ, цæмæн?.. 34 Хæсты фæстаг уалдзæг нæм газеттæ хорз хабæрттæ хастой. Размæ бырстой не ’фсæдтæ æмæ сæрибар кодтой знаджы дзæм- бытæй адæмы, горæтты, хъæуты... Æцæг фыстæджытæ арæх нал цыд хъæумæ, фæлæ сау гæх- хæтт дæр никæмæйуал æрцыд æмæ нæ ныфс нæ састи. Мит раджы батад æмæ хуым кæнын райдыдтам. Галтæ нæм уыд, кусæг адæм нæ фаг кодта, уæддæр архайдтам, куыстам, цы- дæр хорзмæ æнхъæлц нæ разæнгард кодта. Хуссаерттæ цъæх адардтой, фæлæ фос кæрдæгæй сæхи нæма фсæстои, уæддæр сæ сæрвæттæм уагътам, холлаг ма нæм хæрз чысыл уыд, бон иу хатт йеддæмæ нал лæвæрдтам хъуццытæн хос. Бонæи-бон хуыздæр кодта хъуыддаг, хуры хъæрммæ кæрдæг иæхиуыл схæцыд.
Уыцы райсом дæр хурбон скодта. Мæ чысыл хъæбул раджы хъалгæнаг уыд - изæрæй-иу æй рагацау схуыссын кодтон, фæлæ уыцы бон нал æмæ нал хъал кодта, мæ цæст та йæ сыхъал кæ- нын нæ бауарзта. Куыд рæзти, афтæ тынгæй-тынгдæр зынд, йæ фыды халдих кæй уыд. Куы-иу æм кастæн, уæд-иу цыма мæхи Никъала мæ разы ныггыццыл. Канд бакастæй нæ, фæлæ йæ фердæхт, йæ ми- тæ дæр... «Кæм дæ, мæ хъæбул, мæнæ дæм цы æгæрон цин æнхъæлмæ кæсы дæ хæдзары?» - хъуыды-иу кодтон мæ мидзæрды. Хур дзæвгар суад арвыл. Кæрты цыдæр архайдтон, скъолайы дзæнгæрæджы хъæр мыл ссыд. Дзæнгæрæджы хъæр алы урокы фæстæ дæр хъуыст нæ хæдзармæ, скъола уæлвонг ран уыд, фæ- лæ йын ацы хатт, урокты рæстæджы-иу æй куыд цагътой, ахæм зæлтæ нæ уыд. Иу-дыууæ хатты-иу адзинг-дзинг кодта, стæй-иу фæци. Уæд та дæргъвæтин зæлтæй зарыд. Зæрдæйæн дæр, дам, зæрдæ ис, фæзæгъынц. Цыдæр базыд- та зæрдæйы зæрдæ, цавæрдæр æнахуыр цинæй стыррыкк-тыр- рыкк кодта... Дзæнгæрæг уыцы æнæаскъуыйгæ цъæхснаг хъæ- лæсæй адæммæ сидти: «Ра-цæ-ут!.. Ра-цæ-ут!.. Цины ха-ба-рмæ, рацæ-у-ут!..» Æмæ цыппар азы размæйы дзæнгæрæджы нæрын æрлæууыд мæ зæр- дыл: уæд куыд къуырма, мæстджын, æртхъирæнгæнæг нæрд кодта... Сывæллон райхъал æмæ афтид хæдоны асины сæр лæууыд. Мæ хъæбысмæ йæ фелвæстон æмæ скъолайы ’рдæм атын- дзыдтон. Хъæу сызмæлыд, згъордтой усæй, лæгæй... Æмæ ныццагътой уæлахизы дзæнгæрджытæ сабиты чысыл къухтæ... Куыд бирæ рæстæджы æнхъæлмæ кастыстæм ацы бонмæ... Æнхъæлмæ йæм кастыстæм катаимæ, ныфсимæ, мастимæ, æгъуыссæг æхсæвтимæ... Æмæ мæнæ æрцыди... Æрцыд уæлахизы бон! Хæстфæци!.. Фырцинæй нæ цæссыг нал урæдтам, худгæйæ куыдтам, кæ- рæдзийæн хъæбыстæ кодтам... Чидæр клубæй фæндыр раскъæфта æмæ...
«Цин æрцыд æмæ цæл æрцыди...» - ныццæлхъ ластой зæ- рæдтæ... Хорз, тынг хорз бон уыд уыцы бон. Худтысты арвæи, зæххæи, адæмæй... Цин кодтон æз дæр иннæтимæ, цин кодтон, тугкалæн хæст кæй фæци, бæстæ кæй басабыр... Фæлæ цы кæнон, куыднæ йæ хъуамæ зæгъон, мидæгæй мæ зæрдæ йæхи къултыл кæй хоста, куыд уынæргъыдта: «Кæм стут, мæ цæргæстæ, мæ хъæбултæ?.. Фаг мын уæд мæ иунæгдзинад, æрыздæхут уæ уæзæгмæ, мæ лæппутæ, æрыз- дæхут!..». Рæстæг йæ цыд кодта. Æнхъæлмæ кæсынæй нæ цæстытæ ныуурс сты. Иу бон фыццаг хæстон æрбазынд хъæумæ, фыццаг сахъат- джын хæстон. Æрбацæйцыд нæ хъæуы хуырджын фæндагыл, йæ лæдзгуытæй, къуппкъупгæнгæ, сындæггай, улæфгæ-улæф- гæ. Йæ хæлафы галиу фадыг йæ роны тъыст... Нæ колхозы раз- дæры сæрдар, Къиазо, Падойы иунæг фырт... Æрæмбырд ыл стæм æнæхъæн хъæуæй, тыхстытæ, пъатæй йæ йæ хъуырмæ скодтам. - Кæм стут, лæппу?.. Иннæтæ та кæм сты?.. - Нæхиуæттæй никæуыл дæ цæст схæцыд? - Цæмæн афтæ æрæгмæ здæхынц? - алырдыгæй йыл ныз- гъæлстой фарстытæ. - Рыздæхдзысты... Уыдон дæр æрцæудзысты... Афтæ иугæн- дзон, иумæ куыд ис гæнæн. Стæй та Сауиты Æмзор æрцыди, саг-сæгуыты хуызæнæй. Уый цы нæмгуыты ихуарды нæ фæци, фæлæ иу хатт дæр никуы фæцъæррæмыхст, афтæмæй дыууæ орден æмæ æртæ майданы æрхаста. Æз, дам, амондимæ райгуырдтæн, немыцаджы нæмыг, дам, мæ никуы ссардта. Чи зоны, æцæгæйдæр, ис амонд... Хуыцау мæ хъæбултæн дæр дзы фæхай кæн... Дыууæ мæйы фæстæ ма ноджы æртæ хæстоны æрыздæхт: Бетъреты Лео йæ иу цæст хаудæй, Ладийы лæппу Батик - йæ га- лиу цонг хаудæи æмæ Агозы кæстæр æфсымæр Дзæрæх - йæ сæр иæ зыр-зырæи нал æнцад, йе ’взаг йæ дзыхы рæстмæ нал арæхст...
Æдæппæт ма уыцы фондз лæджы æрыздæхтысты хъæумæ. Иннæтæм дæр æнхъæлмæ кастыстæм, уымæн æмæ сæ сау гæх- хæттытæ не ’рцыдысты. Уыцы зымæг дæр та арвыстам... Уæлахизы дыккаг уалдзæг дæр йæ дари хуызтимæ æрцыд нæ кæмттæм... Худти хур... Æрдз ради... Куыд рæсугъд, куыд адджын дæ, цард... Æвгъау кæнын мæхи- цæн ацы уалдзыгон хурбонтæ, ацы рæсугъддзинадмæ кæсын... Æз алцæмæй хайджын, мæ хъæбултæ та... Чи йæ зоны, кæм сты?.. Гъе, кæм аскъуыд се ’взонг цард... Мардæн, дам, рухс зæгъын хъæуы, цырагъ ссудзын... Мæрдты- бæсты ис исты æви нæ, цы бæрæг ис, фæлæ æгъдау æгъдау у... Æмæ йæ адæм аразынц. Æз та куыд бакæнон? Куыничи мæм сæ царды хабар фехъусын кодта, куыничи сæ сæфты, сæ мад амæла... Уалдзæг-иу Къотъейы ингæн ныссыгъдæг кодтон, хус кæр- дæг, цъæнут дзы никуы ныууагътон. Уыцы сæрд дæр ацыдтæн уæлмæрдмæ. Мæ чысыл хъæбулы дæр мемæ акодтон. Цыдыстæм хæрды. Иæ цъыбар-цъыбурæй нал æнцад: - Гыцци, Мила æмæ Хъуырна цæмæн хыл кæнынц?.. - Куыдз мыстыты фарс у?.. Гæды та - се знаг. - Гыцци, уæлæ-ма, уæлæ, цæй стыр халон?.. Гыцци мæ хуыдта. Иæ мад дзы ферох. Æз дæр æй нæ иргъæвтон, уадз гыцци мæ хонæд, афтæ хуыз- дæр у. Стæй куы байрæза, уæд ын алцыдæр радзурдзынæн. Ныр- ма йын уыдæттæ базонынæн раджы у, уæгъды цæмæн рисса йæ гыццыл зæрдæ, сидзæр кæй у, ууыл... Ингæн та ныссыгъдæг кодтон, дур ныссæрфтон æмæ цæстæй бынатабарстон: Йæ фарсмæ галиуæрдыгæй мæхицæн рахицæн кодтон бынат... Мæ фарсмæ та... Кæд нал... уæд уыдонæн рахицæн кæндзынæн сæ сыджыты хай æмæ дзы фæйнæ тулдзы гуыркъо байтаудзынæн. «Æнхъæл дæн, уымæй никæуыл ницы зиан æрцæудзæн, - хъуыды кодтон хинымæры. - Æз уæ нæ баныгæндзынæн, хъæ- бултæ, нæ. Æз уæ номыл æртæ тулдзы схъомыл кæндзынæн... Уæ нæмттæ сыл сæвæрдзынæн... Искуы æрыздæхдзыстут æмæ уæ ныййарджыты уæлмæрдмæ ссæудзыстут. Ам, æртæ тулдзы бын æрбаддзыстут æмæ нын рухс зæгъдзыстут...». Æртæ уæрмы кæрæдзийæ дыгай къахдзæфты дæрддзæгæн скъахтон æмæ мæ чысыл хурмæ бадзырдтон:
- Рауай, хъæбул, мæнæ ацы гуыркъотæ байтау. Уый йæ чысыл къухтæй уæрмыты ныппæрста гуыркъоты æмæ сыл сыджыт басчъил кодтам... Рæстæг, дам, алцæмæн дæр хосгæнæг у, фæзæгъынц. Чизоны. м Мæнмæ гæсгæ та, рæстæг нæ; фæлæ адæимагæн иæхи удфи- дардзинад, цардмæ йе ’гæрон уарзт, йæ сомбоны бæллиц, йæ сомы ныфс сты йæ хуыздæр хосгæнджытæ. Рæстæг цы... Рæстæг рыстыты фæуромы, фæкъуырма сæ кæ- ны, фæлæ хъæдгом нæ гас кæны. Цæуы рæстæг йæ цыдæй, рыст уæддæр зæрдæйы æрфæнты рафт-бафт кæны... Риссы зæрдæ... Æз цæрынæн, цинæн, мыггаг дарддæр кæны- нæн фæхъомыл кодтон мæ хъæбулты. Уыдон та... Æнæрæстæ- джы... Сæ ныййарæг мадæн алцыдæр ис: маст, цин, куыст, хур, дæргъвæтин цард... Мæ хъæбултæн та... ницы, бынтондæр ницы... Царды ад рæстмæ æнкъаргæ дæр нæ бакодтой... Махæн, зæрæдтæн хатт фæсивæд хъазгæйæ фæзæгъынц, сы- мах, дам, уæ фаг фæцардыстут... Раст стут... царды ад, царды рæсугъддзинад дæр уымæн зо- нæм æмæ нæм зын дæр уымæн кæсы нæ адзалы æрæввахс... - Гыцци, ацæуæм хæдзармæ, - мæ фæдджийыл мын рахæцыд лæппу. - Ацæуæм, хъæбул, ацæуæм. - Мæ риумæ йæ æрбалхъывтон, мæ хъуыды та иннæрдæм аздæхт: «Ныр цафон мæлæтыл катай у?.. Лæппу чысыл у хицау ын хъæуы, хъомыл кæнын...». Тагъд къахдзæфтæй цыдыстæм уырдыджы. Цыдыстæм хæдзармæ мæ лæппуимæ æмæ мæ нал фæндыд мæ дудгæ мæстытыл хъуыды кæнын, фæлæ зæрдæ йæхион код- та. Æниу хæдзары дæр æмæ фермæйы дæр мæ кусинæгтæ мæ сæрæй уæлдæр уыдысты... Сæрдарæй нæм фæстæмæ нæхи Къиа- зо куыста. Сауи йæ уыцы фæззæг бауагъта йæ хæстон хъæдгæмт- тæ сдзæбæх кæнын, стæй йын загъта: - Фаг мын у, лæппу, ныр та - дæхæдæг. Æз дæр мæ бон цы уа, уымæи фæстæ нæ фæлæудзынæн, фæлæ мæ бон рахау-бахау нал у. Цы ма загътаид Къиазо дæр, куыста иузæрдионæй, йæ хъæдын къахы къуырцц-къуырццæй-иу мæ зæрдæйы тугтæ ныттагъды- сты. Фæлæ мæнæн дæр хуыцау уыцы амонд куы радтаид, æмæ
мæ лæппутæ дæр иугай къæхтимæ куы ’рыздæхтаиккой хæсты быдырæй... Хæдзармæ куы ныццыдыстæм, уæд кæрты бæласы бын бан- доныл æрбадтæн æмæ мæ чысыл хъæбулæн загътон: - Цу-ма, дæ сæрыл хаст фæуон, дурыны дон раскъæф æмæ нæ къухтæ ахсæм. Лæппу цæрдæг суади асиныл æмæ дурыны дон æрыскъæфта, мæ къухтыл мын дзы æркодта, стæй та йын æз ныхсын кодтон йæ чысыл къухтæ. Уый йæ армытъæпæнтæ мæ раздарæнæй ныссæрфта, стæй мæм хинæйдзаг цæстытæй скасти: - Ныр та хæргæ, нæ? Цыдæр худæг мæм фæкаст. - Хорз, мæ зæрдæдарæн, хорз... Мидæмæ бацыдыстæм æмæ йын фæлмæн цыхт æмæ дзул радтон. Мæхæдæг дæр иу къæбæр ахæрон æмæ фермæмæ ацæуон куыд загътон, афтæ куыдз срæйдта. Дуармæ ракастæн æмæ кæрты æнæзонгæ лæппуйы куы ауыдтон, уæд йæ размæ рахызтæн. Уый мын салам радта æмæ загъта: - Æз бредзайаг дæн, Коцты Иуанейы лæппу. Мехъанцъиты Бабале фæзиан æмæ нæ торнейы пыхсытæ ласынмæ рарвыстой. Уæ чындз Гыгы мын ныффæдзæхста, сæ цурты, дам, цæудзыстут æмæ, дам, æй Евайæн фехъусын кæнут. Иннæбон æй æвæрынц. Лæппу йе ’мбæлтты фæстæ атагъд кодта, æз та кæрты сагъ- дау баззадтæн... «Уæдæ æрулæфыдтæ, Бабале... Нæлгоймæгты маст урæдтай, фæлæ дæ дæ сылыстæджы дудгæ маст бадомдта». Кетийы сау гæххæтт куы райстой, уæд ын æй не схъæр кодтой, фæлæ хæст куы фæци æмæ йæ чызг куы никуыцæйуал зынд, уæд ма йын цы ’нæзæгъгæ уыд æмæ уыцы бонæй фæстæмæ йæ уат нал систа. Фарон зымæг æм рынчынфæрсæг куы ныццыдтæн, уæд мæ нал базыдта. Куыддæр къæсæрæй бахызтæн, афтæ мæм фæсус хъæлæсæй сдзырдта: - Кетийы уазал бацæудзæн, йæ кæлмæрзæн ам баззад!.. Базы бынæй мæм кæрдæггъуыз кæлмæрзæн равдыста. Æз фергъуыйау дæн. Йæ чындз мын мæ хъусы загъта: - Йæ зондыл нал у, нæ туг нын басур кодта. «Ныр ацыдтæ, Бабале... Никæйуал бахъыгдардзынæ...».
35 «Цæуылдæр та тыхсыс, дедопали? Циу, цы кодтай?». «Тыхсын, мæ уд; тыхсын, мæ тых мæ нал хæссы, цæуын дæр мын фæзын’... Мæнæ мæ хъæбулты аууон аулæфдзынæн æмæ дын алцыдæр радзурдзынæн... Абон фарастæм май у, уæлахизы бон... Бæрæгбон у абон, мæ уд. Куывд кæны нæ хъæу Алы бæрæгбо- ны дæр фæаразæм куывд. Æз уал дæумæ суадтæн. Лæппумæ нал банхъæлмæ кастæн. Иунæгæй мæ фæнды демæ аныхас кæнын. Знон мын Къиазо афтæ: газеты, дам, бакастæн, хæсты чи фæ- мард, уыдонæй йæ мæлæты фæстæ кæйты схорзæхджын код- той, уыдон номхыгъд. Нæхи Никъо дæр, дам, дзы ис, Сырх тыры- сайы орденæй йæ схорзæхджын кодтой. Уый разынд, мæгуыр, йæ мард уæддæр разынд... А мæхиуæтты мын цавæр кæфхъуындар аныхъхъуырдта, цæмæннæ сæ исты хъуысы, цæмæннæ?.. Куыд ис уый гæнæн, ме ’ртæ хъæбулы афтæ æвæдæй фесæфой?.. Риссы, мæ уд, мæ зæрдæ... Цы ма дын æй æмбæхсон, дывæр рыстæй мын риссы... Абон адæмæн бæрæгбон у, æз та мæхи дæумæ раппæрстон. Ацы бон, хæсты чи фæмард, уыдонæн рухс фæзæгъынц, æз сæ никуы бауагътон мæ лæппутæн рухс зæ- гъын... Зæгъын, цæмæй зонут нал сты?.. Æмæ уæдæ ныр ссæдз азы кæм сты?.. Дæу фæрсын, куыд бакæнон?..». «Ам сты, нæ сæ уыныс?..». «Кæм?!». «Тулдзытæ... Байрæзтысты, дедопали. Сæ аууон куы бадыс»... «Уыдон мæхи Сосо байтыдта... Ды йæ нæ зоныс, куыд хорз лæппу рауад мæхи Сосо. Горæты ахуыр кæны. Хъуамæ инженер суа. Алы сабаты мæм згъоры, мæ митæ мын арæвдз кæны æмæ йæхицæн хæринæгтæ ахæссы. Сæрдыгон та колхозы фæкусы, йæ нывонд æрбауон. Хорз лæппу у тынг хорз...». «Зоны йæ, кæмæй бузныг хъуамæ уа йæ райгуырды тыххæй?..». «Зоны йæ. Стыр уыд, стæм æви фарастæм къласы уыд, алцы йын куы радзырдтон... Тарстæн, зæгъын, хабар йæ зæрдæмæ куыд айсдзæн. Фæлæ мæ иугæр бафарста, уæд ын алцыдæр ра- дзырдтон... Цымыдисæй мæм хъуыста. Мæ ныхас куы фæдæн, уæд мыл ныттыхст, зæгъгæ ницы кодта... Уый фæстæ цыма æвип- пайды слæг ис, сзондджын, хиуылхæцгæ... Йæ мад æмæ йæ фыды
нывмæ хæдзары къулыл сæрыстырæй фæкæсы, зыны йыл, буц сæ кæй у. Йæ мады æфсæддон формæйы ист ныв сыстыр кæнын кодта æмæ йæ сынтæджы цур æрцауыгъта. Мæн уæддæр гыцци хоны... Йæ фыды райдайгæ хæдзар арæзт фæци. Фарон мын бирæ фæ- лæгъстæ кодта, нæ ног хæдзармæ, дам, балидзæм. Хорз, зæгъын, сразы йын дæн, фæлæ йын сом-сом кодтон... Йæ дзаумæттæ æмæ йæм йæ чингуытæ бахаста, иу-дыууæ æхсæвы дзы бафынæй код- та, стæй, æвæццæгæн, фæхатыд, мæ къах мæ зæронд хæдзарæй цæй тыххæй нæ хаста, уый, æмæ фæстæмæ ’рбаздæхт: - Ды раст дæ, гыцци, ам хъармдæр у, ацы аз дæр ма ам арвитæм. - Хорз, хъæбул. Мæнæ фидæнмæ ус æрхæсдзынæ æмæ сымах уым цæрдзыстут, æз та ам... Зæрондæн асиныл рахиз-бахиз зын у. Зæронд хæдзары банхъæлмæ кæсдзынæн мæ мæлæтмæ. - Е-е-е, гыцци, мæлыны кой ма кæн!.. - йæ хъæбысмæ мæ фелвæста æмæ пецы алыварс арæуæг. - Æппарыс мæ, æрра цыдæр, æруадз мæ зæхмæ, - йæ хъуырыл атыхстæн æмæ йын йæ коцорайæн пъатæ кодтон. - Мæлæты кой макуыуал скæн æмæ дæ сынтæгыл æвæрын, - худт æмæ йе стыр дæндæгтæ æрттывтой. - Хорз, дæ сæрыл мæ æрхæсса хуыцау. Мæлæт та цы мæ куыдз у, йæ кой фесæфæд! - Гъо, æмæ афтæ! - загъта æмæ мæ уатыл авæрдта. Хъусыс, мæ хъæбулы нæ фæнды мæ мæлæт... Мæн дæр... Фæнды мæ, фенон ма, мæ лæппу йæхицæн бинонтæ куыд кæндзæн... Фæнды мæ, мæхи цæстæй фенон, нæ хæдзары къуым- ты йæ сабитæ куыд разгъор-базгъор кæндзысты. Стæй дæм ацæудзынæн, мæ уд...». - Уæлæ кæм ис! Нæ уын дзырдтон, лæппутæ, гыцци та уæлмæрды уыдзæн! Хæрды цыппар æвзонг лæппуйы сцæйцыд, сæ разæй Сосо. - Дæлæ дæ уидаг ссæуы, Къотъе... Ссæуы дæм, йæ фæхъхъау фæуон мæ цæргæсæн... Уый уын зæгъдзæни «Рухс!..».
уутуь1 хъууцЕяттж 1 Æртæ боны размæ Мадинæ Калакмæ ацыди. Станцæйы онг æй йæ сæрыхицау афæндараст кодта. Поезды вагонмæ дæр йемæ схызти, хæссинæгты хызын ын йæ фарсмæ æрæвæрдта æмæ йæ бафæдзæхста: - Гъа, дæхимæ æркæс, рæстмæ дохтырæн фенын кæн дæхи. Хæдзармæ дæ зæрдæ æппындæр ма æхсайæд, - æмæ æнкъуысгæ поездæй тагъдгомау æрхызти. Асины цур-ма алæууыд æмæ уæлæмæ, вагонмæ скаст. Мадинæ йæм фæрссагæй мидбылхудгæ ракаст æмæ стæй цæстыфæныкъуылдмæ асæррæт кодта вагон. Лæг раздæхт йæ хæдзармæ, цыма дзы исты фесæфти æмæ йæ агуры, афтæ зæхмæ кæсгæйæ, уæззаугай иста размæ йæ къæхтæ. Иу къуыри, дам, баззайдзынæн, æвæццæгæн, афтæ загъта Мадинæ йæ удыхайæн дысон æмæ йæм иннæ хуыцаубонмæ не ’нхъæлмæ кастаид, фæлæ йæ афтæ æрхæндæгæй лæугæ куы ауыдта фæрссагæй, уæд йæ хъуыды æвиппайды аивта: «Цæй дох- тыр у, цæ? Мæнæ мæ иунæг æфсымæры фендзынæн, сывæл- лæттыл ацинтæ кæндзынæн æмæ иннæбон фæстæмæ раздæх- дзынæн. Æнæхъæн къуыри æнхъæлмæ кæсынæй йе знаг исты кæндзæн». Калакмæ куы ныццыди, уæд йе ’фсымæрæн хъæр дæр нал скодта, ныр æнæхъæн цасдæр йæ сæрæй кæй хъæрзы æмæ йæ Сослан дохтыртæм кæй рарвыста - де ’фсымæр, дам, дæ хорз профессорæн фенын кæндзæн æмæ, дам, схос кæн. Цыма йын йæ мадызæнæджы хъæбулты фенд фæхос, уыйау уыцы дыууæ боны йæ сæры рыстытæ бынтондæр æрбайсæфтысты. Иæ чындзимæ магазинтыл азылдысты, цыдæртæ алхæдта сывæллæттæн, хæдзары хъæуæг лыстæг дзаумæттæ æмæ цып- пæрæм боны фæстæмæ, сæхимæ раздæхтис. Цас ын фæлæгъстæ кодта чындз - æрлæуу кæдæм тагъд кæныс, театрмæ дæ акæ- нон, дæхи аирхæфс, уыцы иухуызон цардæй фæлмæцгæ та куыд- нæ кæныс, зæгъгæ. Фæлæ нæ байхъуыста Мадинæ йæ чындзмæ: «Æз ам театрмæ куы кæсон æмæ уыцы лæг та иунæгæй джиу- джиу кæна... Нæй, тæригъæд у», æмæ рафардæг.
Поездæй куы æрхызти, уæд хур аныгуылын æввонг уыди. Йæ цæст ахаста адæмыл, кæд дзы исчи зонгæ разынид, зæгъгæ, æмæ сæ сыхæгты чызг Нанайы куы суыдта, уæд ыл хуртæ ракаст: - Нана, уæ Нана! - фæхъæр æм кодта æмæ, цалынмæ чызг, чи йæм дзуры, уый суыдта, уæдмæ Мадинæ йæ цуры фестад. - Дæ бон хорз, Нана! Куыд æхсызгон мын уыд дæ фенд! Хæдзармæ цæуыс, нæ? - Ой, Мадинæ, хорз дæ хай! Хæдзармæ, хæдзармæ, æз дæр æмбал агуырдтон раст, - хъæлдзæгæй йын загъта чызг. Станцæй сæ хъæумæ иу сахат цыдæй фылдæр нæ уыд, фæлæ сосæ фæндагæй куы ахызтаис, уæд дыл машинæ нæ, фæлæ фистæгæй цæуæг дæр зынтæй амбæлдаид. Цалынмæ къахæй хæ- дзармæ хæццæ кодтаиккой, уæдмæ сыл баталынг уыдаид æмæ кæрæдзийы уындыл уымæн тынгдæр бацин кодтой. - 0, æмæ цæуæм, мæ чызг, иумæ, афтæ нын хъæлдзæгдæр уыдзæн. Куыд сты дæ ахуыры хабæрттæ та? - Дзæбæх. Фæндзтыл фæдæн ацы семестр дæр, - райгондæй загъта чызг. Афтæ ныхæстæгæнгæ, изæрмилты сæ хъæумæ дæр æрба- хæццæ сты. Нанаты хæдзары цур Мадинæ «хæрзæхсæвтæ» загъ- та чызгæн æмæ йын уый дæр «хæрзтыл æмбæлд у», загъта æмæ фæхицæн сты. Нана - Гæджиты Иуанейы чызг - Калачы ахуыр кодта хъæу- уонхæдзарадон институты. Зондджын уыд, уæзбын, чингуытыл мæлгæ кæй фæхонынц, ахæм, æмæ-иу дзы йæ фыд хынджылæг кодта: мæ чызг «прафисор» суыдзæн æмæ уынгæджы знаджы къона фæуыдзæн. Уыцы изæр Иуане æмæ йæ сыхаг Васил тыргъы бадтысты æмæ ныхæстæ кодтой. Василæн йæ ус амарди дыууæ азы размæ, йæ иунæг чызг чындзыдзыд уыд æмæ зæронд лæгмæ йæ хъус бæргæ дардта, зылдцух æй нæ уагъта, фæлæ фылдæр иунæг уыд æмæ йæ æввахсдæр сыхаг Иуанеимæ æрвыста йæ бонтæ. Ныр дæр бадтысты æмæ кæрты дуары хъинцъ куы фæцыд, уæд Иуа- не йæ хъустæ фæхъил кодта: - Цыма мæ «прафисор» чызджы хъæлæс ауад мæ хъустыл, - хъæлдзæгæй загъта æмæ Нана дæр сæ уæлхъус æрбалæууыд. - Уæ изæртæ хорз! - загъта чызг æмæ Василы аудгæ хъæлæ- сæй афарста - куыдтæ дæ, дада?
- Æмæ дын æз та цы ракодтон, мæ чызг, - бахудти йæм фыд,- æви дæм сабаты кæй нал ныууадтæн, уымæн мæм фæхъыг дæ, и? Дæ мад мæ хæдзаргæс ныууагъта, æндæра дæумæ ныццæуын мæ уд, мæ дзæцц куы у, уый дæхæдæг нæ зоныс? - Æмæ цы кодта гыцци, кæм ис? - тарстгъуызæй афарста Нана. - Ныр дыууæ къуырийы дæргъы Дзæрæхтæм ис Чъребайы. Дæ чындз та нын цыппæрæм лæппу балæвар кодта, мæ хур. Дæ мад тагъд сывæллæтты цæхæрадонгæсæй агæпп ласдзæн. - Æз та, зæгъын, фæрынчын и, мæ уд ауади... - Цыма кæимæдæр ныхас кодтай, афтæ мæм фæкаст. - Станцы Мадинæимæ баиу стæм æмæ дзургæ-дзургæ сфар- дæг стæм, - загъта йын Нана æмæ мидæмæ, хæдзармæ бацыд. - 0, о, хуры чызг Мадинæ дыл куы рамбæла, уæд ма дæ уымæй хуыздæр хорзæх цы хъæуы, гъа, Васил? - хинæйдзаг худт бакодта Иуане. Васил йæ бæрзæй фæндаджырдæм акъул кодта, иучысыл фæкаст, стæй уæззаугай растад бандонæй. -Цом, æз дæр мæ хæдзар бацагурон, дæуæн дæ зæрватыкк æртахти æмæ уал ууыл ацинтæ кæн. Кæрты дуары онг йæ фæстæ рацыд фысым, стæй йæ чыз- джы ныллæг хъæлæсæй зарын куы фехъуыста, уæд йæ зæрдæ цинæй айдзаг - «Мæ фыдзæрдæйæн йæ хæдзарæй хъæлæба ма хъуысæнт»... æмæ Василæн ноджы тынгдæр фæтæригъæд код- та. «Нæй, иунæджы цард ницы у. Мæгуырæйдæр бирæ сывæл- лæттæ хъуамæ рауадзай. Мæ уд дæ низтæ, мæ чындз, æз дæуæн хорз лæвар куынæ æрцæттæ кæнон, уæд ам лæппу ма уæд», - æмæ химид хъырнгæ бацыд хæдзармæ. Мадинæ Сосланы хæдзары нæ баййæфта. «Æвæццæгæн, Тем- болтæм уыдзæн», - ахъуыды кодта, стæй йæ пысултæ раивта æмæ йæ къуымтыл йæ цæст ахаста - æвнæлд ницæмæ уыд, алцы йæ бынаты, куыд сæ ныууагъта, афтæ. Хæринаггæнæн чысыл хатæнмæ бацыд - ам дæр афтæ, аг хæринагæй йедзаг, æнхъызты тæф ын йе смудæнтæ ахгæдта. Дуармæ рахаста аджы, хызынæй йын йемæ Цьггæ рарвыстой, уыдон систа æмæ сæ фынгыл æрæ- вæрдта. Стæй йæ бийинаг æрцагуырдта, раззаг уаты диваныл æрбадт æмæ бийын райдыдта. Сослан æндæр кæдæм ацыдаид - Темболтæм-иу бауад, сы- вæллæтимæ-иу йæхи аирхæфста æмæ-иу къæбæр дæр уым ба-
хордта. Ацы изæр дæр уым уыди. Сæ сыхæгтæй дыууæйæ йæ фæстæ бацыдысты æмæ сын ныхас бацайдагъ. Тембол йæ усæн цæстæй ацамыдта æмæ уый дæр, цы сæм уыд, уый фынгмæ æрхаста - цыхт, кæрдзын, памидоры цæхджынтæ, сихорæй ма цы дзидзайы хæйттæ баззад, уыдон, сæн, арахъхъ æмæ лæгты æндæр цы хъуыд. Хъæлдзæгæй рабадтысты æмæ рæгъытæ уагътой. Кæрæдзийæ хынджылæг кодтой, алы худæг хабæрттæ дзырдтой æмæ зæрдиагæй худтысты. Фынгыл куы ’рбадтысты, уæд фыццаг Сослан æгъдаумæ гæсгæ, кувгæ дæр ракодта, нуазгæ дæр. Стæй иу-æртæ рæгъы фæстæ куыддæр йæ зæрдæйыуаг уымæн дæр фæхуыздæр, æртæ боны афтид хæдзары иунæгæй схъыги æмæ йæм ныр афтæ касти, йæ алыварс алцыдæр рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ у, фысымæй, йæ фарсмæ бадæгæй иууылдæр сæ цардæй райгонд сты æмæ цинкæнын хъæуы, хъæуы нæ, фæлæ æнæмæнгхъæуæг у, циу, ныр æртæ боны, рæгъауæй иппæрдгонд рæуæдау, рафт-бафт кæнын æмæ мæхицæн бынат нал арын. Афтæ хорз нæу... - Баназ, Сослан, дæ рæгъ, кæдмæ дæм æнхъæлмæ кæсæм, - хъæлдзæгæй йæм бадзырдта йе ’фсымæр. Сослан сыкъа систа, анызта йæ æмæ йæ рафæндыд иннæтæ чысыл ницæуыл куыд мыр-мыр кодтой, афтæ уый дæр худтаид алцæуыл, фæлæ йын нæ рауад. Расыгы бæсты йæ зонд, йæ хъуы- ды ирдæй-ирддæр кодтой æмæ йæм йæ алыварс, ныр та алцы уыцы æгъуыз, фæлурс, æнæфтиаг фæкаст. Æрхæндæг ын йæ зæр- дæ алхъывта æмæ йæ дзыпмæ нывнæлдта - тамако куы бадымин, зæгъгæ, папирос систа, фæлæ йæм æртхос нæ разынд. Нæ уарзта Сослан тамако, афтæ стæм хатт кæд æрцагуырдтаид йæ зæрдæ, уæд-иу бадымдта, уый дæр кæронмæ никуы, æрдæгсыгъдæй-иу æй аппæрста. Уымæ гæсгæ алыхатт ифтонг нæ уыд. Сыстад фынгæй спичкæйы æфсон æмæ æддæмæ рахызт. Нуæзт æмæ хæринæгты тæфæй йедзаг хатæнæй куы рахызт æмæ йыл сатæг уæлдæф куы аузæлыд, уæд цæй фæдыл рацыд, уый йæ айрох, кæртæй тагъдгомау рахызт æмæ сæхирдæм фæраст. Æнæссудзгæ папирос йæ дæндæгты ’хсæн нылхъывта, йæ къухтæ йæ дзыппы, афтæмæй хæдзарырдæм тагъд къахдзæф- тæй тындзыдта. Куы баввахс кулдуармæ, уæд йæ сæрыл схæцыд æмæ йæ мидбынат сагъдауæй аззад - рудзгуытæй рухс калд!..
«Рухс! Чи йæ ссыгъта?.. Æрыздæхт?» - хъуыды кæронмæ нал ацыд. Йæ зæрдæйы мидæг цыдæр хъарм ныттагъди, стæй уыцы хъарм уылæн фенкъуыст æмæ æнæхъæн буарыл раивылд... Лæууыд афтæ уыцы адджын æнкъарæнтæй йæ хъуырмæ æмæ рудзгуытырдæм касти. Стæй сындæггай айста размæ йæ къæхтæ, цыма тарст, уыцы хъарм уылæн йæ буарæй ма аивадæг уыдаид. Мадинæ диваныл бадт æмæ быдта. Йæ сæрæй шпилкæтæ ралвæста æмæ йæ бæзджын, æрттиваг дзыккутæ йæ фæсонтыл, йæ тымбыл уæхсчытыл пæлæзау æртыхсти. Быдта сылгоймаг йæ удыхайæн свитер æмæ йæ хъуыдыты хыз дæр уæрæх кодта... Сослан æнæсымæй бахызт мидæмæ. Мадинæ йæм скаст, йæ мидбылты йæм бахудт, бийинаг æрæвæрдта æмæ рог фестад. Иу уысм, æрмæст иу уысм фемдзаст сты кæрæдзийы цæстытæм æмæ лæгмæ йæ зæрдæйы хъарм æнкъарæн басусæг кæныны фаг тых нал разынд: - Мадинæ, мæхи Мадинæ! - йæ тыхджын цæнгтæ дардыл бай- тыгъта æмæ сылгоймаджы йæ риумæ æрбалхъывта. - Æрцыдтæ,/ Мадинæ, æрцыдтæ! - йæ æнæдаст рустæ усы фæлмæн сæры хъуынтыл расæрф-басæрф кодта æмæ йæ цæссыг згъæлд... ; Йæ удыхай йыл тынг зæрдейæ кæй уыд, уый та куыднæ зыд- та Мадинæ, фæлæ йæ скæугæ никуыма федта. Усæн йæхи зæр- дæ дæр бауынгæг хохыйас лæджы цæссыгтæм, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд: «Куы мæ фæхата, тæригъæд ын кæнын, уæд ын зын уыдзæн» æмæ йæ сæрыл уæлæмæ не схæцыд, афтæмæй ныллæг хъæлæсæй, йæ бон цас уыд, уыйас хъæлдзæггъуызæй загъта: - Æрцыдтæн, уæдæ дзы кæдмæ бадтаин? Хицау мын нæй æви хæдзар! Стæй æфсæрмгъуызæй йæ дзуапмæ бафтыдта: - Куы йæ зоныс, æнæ дæу искуы мæ бон нæу... «Æнæдæу искуы мæ бон нæу...» «Æнæ дæу искуы мæ бон _ нæу»... - уарзон зарæджы æхцон зæлтау азæлыдысты лæгæн йæ хъустыл, зæрдæйы тæгтæ банкъуыстой, æмæ цæнгтæ сæхигъæ- дæй тынгдæр æрбалхъывтой сылгоймаджы. Сосланыл цыма æрдæбоны нуæзт еныр æртæфст, уыйау æр- лæ^æгъ, апъа кодта усы фæсхъусæн æмæ йæ суагъта. Диваны- рдæм^къахдзæф кодта, æрбадт æмæ уæлæмæ скаст Мади- нæмæ: \^
- Цы, дам, цы дын загъта дохтыр? - Ницы... - мидбылхудгæ батылдта йæ сæр ус æмæ йæ фарсмæ æрбадт. - Сæрæй, фарон куыд бакодтай, ныр дæр афтæ, нæ? Нæ та бацыдтæ дохтырмæ? - Цæй, ахæмæй дзы ницы ис, æвæццæгæн, æндæра куыддæр горæтмæ ныццæуын, афтæ мæ налдæр сæр риссы, æмæ æп- пындæр ницы. - Мадинæ... - Сослан цыдæр зæгъынмæ ’рхъавыд, фæлæ йæ нал сфæрæзта, цыма ферхæцыд, уый хуыфт ныккодта æмæ зæх- мæ нымдзаст. «Сайы... сайы, цæмæй мын мæ зæрдæ ма фæрис- сын кæна... Куыницы дзы риссид, уæд æхсæв фынæйæ цæмæн фæхъæрзы? Йæ ных кæлмæрзæнæй фидар цæмæн бабæтты? Йæ удхæссæг куы уыд сæрбæттæн - мæ сæры хъуынтæ, дам цыфæн- ды бæзджын кæлмæрзæнæй хъармдæр сты, - афтæ-иу куы дзырдта». - Цы, дам, нал æй зæгъай, гормон? - æввахсдæр бабадти лæг- мæ æмæ йын йæ уæхскыл йæ сæр бакъул кодта. Сослан йæ рахиз къух усы астæуыл æрбатыхта æмæ уæззау- гай, йæхинымæры дзурæгау, ныллæг хъæлæсæй загъта: - Ни- цы... Афтæ... Мадинæ йыл нал ныттыхæй: «Кæд дын зын у, мæ хур, уæд æй ма зæгъ, æнæзæгъгæйæ дæр хорз куы æмбарын... Йæ бирæ дзу- рын ма цы пайда у? Уæгъды ма нæ кæрæдзийы зæрдæтæ цæуыл къахæм? Хуыцау мын, æвæццæгæн, ахæм амонд ныффыста æмæ йыл хъуамæ хъæцон. Фæлæ мын мæ уды хъизæмар афтæ зын басæттæн нæу, дæ тæригъæдмæ кæсын мæ куыд бадомдта. Цы дын кæнон, мæ сæрæн куыницы зонын. Мæ бон ма дын уый у, æмæ дæм мæ зæрдæ нæ уазал кæны. Афтæмæй дæр мæ удæн Хуы- цау дæуæй адджындæр никæй сфæлдыста. Искуы чындзæхсæвы кæнæ бадты уындджын нæлгоймаджы куы фенын, кæнæ мæм исчи æндæргъуызон цæстæнгас куы рав- дисы, уæд, сылгоймаджы зæрдæйæн цы загъдæуа... Кæмдæр мын æхсызгон вæййы мæ удыхайæ дарддæр ма кæйдæрты зæр- дæмæ дæр кæй фæцæуын... Куыддæр зæрдæйæн æхцон вæййы, цы ис уым æмбæхсинагæй? Фæлæ сæ мæ хъуыдыйы дæ фарсмæ алæууын кæнын æмæ, Хуыцау ме ’вдисæн, уæддæр тæраз де ’рдæм ауæз кæны. Ды алцæмæй дæр хуыздæр кæсыс дæхи Ма-
динæмæ. Уæдæ уæнгты кондæй, бакастæй, уæздандзинадæй. Зæрдæйы кондæй та дæу чи аййафдзæн, мæ ныфсы мæсыг!.. Цæй, цы кæнон, алцæмæй æххæст Йесо Чырысти дæр нæу, дæуæн дæр Хуыцау уыцы иу хъæндзинад фæхай кодта, мæ тæригъæдæй дæлæмæ æрхауа æмæ йыл хъæцæм нæ кæрæдзийы фæрцы... Бонæн йæ фæстагмæ, фос куы не стæм, адæймæгтæ стæм... Æмæ зæххыл нырма Хуыцау ахæм зындзинад не сфæлдыста, адæймаг цæуыл нæ фæтых уа. Бабыхсдзынæн æз дæр, кæд мæ тæккæ æррайыл куы уыдтæн, уæд бафæрæзтон, уæд ма ныр цас диссаг у, цас ма мын баззад... Азтæ куыд цæуынц, афтæ æнкъарæнтæ кæд кæнынц нымæгæй-нымæгдæр. Фæстагмæ, æвæццæгæн, æрдзæй рафæлдисгæ монцтæ лæгæн йæ хъуыдыйы кæрон дæр нал уы- дзысты... фæлæ, хъуыддаг дæр уыцы «фæстагмæ» у... Хатт куы ахъуыды кæнын, уæд мæм мæ цард иу сау къапеччы аргъ нал кæсы. Сылгоймаг мады æнкъарæн, хъæбулы ад куынæ бавза- ра, йæ туг, йе стæг йæ халдихæн куынæ бахай кæна, уæд циу йæ цард? Цæмæн равзæрд а бæстыл, цæй мидæг ис йæ царды нысан?.. Быхс, мæ уд, быхс! Цы ма дын баззад æндæр, дæ сыгъдæг ном дæр куынæ бахъахъхъæнай, уæд? Фæлæ... Уæй уыцы быхсын... Æз мæхи уды хъизæмары кой нал кæндзынæн, йæ аххосаг цы у, уый йын мæ удæгасæй ничи бамбардзæн, ничи йæ базондзæн, фæлæ катайаг нæ зæры бон у. Цалынмæ нæ тыхыл стæм, уæдмæ архайдзыстæм, нæ кæрæдзийыл æнцой кæндзыстæм, нæ амон- дыл хъæцдзыстæм, фæлæ нын цæрын куы антыса, уæд æнæхи- цауæй куыд кæндзыстæм, нæ дзыхыл нын дон чи сдара, уый дæр нын куынæ уа, уæд?».. Лæг йæ рахиз къухæй сылгоймаджы астæу æрбатыхта, га- лиуæй та йын йæ сæр лæгъзытæ кодта: «Цы ме ’намондæн дыл фембæлдтæн, мæ худгæчхур, æмæ дæ афтæ æгæрон уарзтæй цæмæн бауарзтон? Цæмæн мæм фæкæсы дуне талынг æнæдæу! Æнæдæу мæм цæрын цæмæннæуал фæцæуы? Хуыцау, куыд æгъатыр дæ, куыд дурзæрдæ? Иу æнамонддзинад мын дзы фаг нæ уыд, уарзты азарæй дæр ма мæ куынæуал фæхайджын код- таис, уæд?!. Куынæ дæ уарзин, æнæдæу цæрын мæ бон куы уаид, уæд дын æргомæй загътаин: «Ацу дæ фæндаг ссар, дæ цард æн- дæримæ сиу кæн, цы дæ хъизæмайраг ис мемæ...» Фæлæ нæу мæ бон... Ды мæ царды иунæг рухс дæ, Мадинæ. Мæ уды лæууæн... Афтæ æнхъæлыс, нæ дæ ’мбарын, цас быхсыс мæн тыххæй?..
Æмбарын дæ, æмæ дæ фыруарзт дæр уымæн кæнын, мæ зæрдæ дыл гъеуал азы дæргъы иу мисхалы бæрц дæр кæй никуы фæ- худт. Зæд дæ, мæхи Мадинæ, дæу ме скæнæг мæ уды хъахъхъæ- нæг рарвыста уæларвæй. Ды æрмæст зæгъгæ кæн, цы агуры дæ зæрдæ, цы дын æрхæсдзæн циндзинад, Сосланæн йæ сау зынг бахуыссæд, кæд дын дæ фæндон не сæххæст кæна!.. Æрмæст ам, мæ хæдзары, мæ фарсмæ æнкъарон дæ уды хъарм... Æрмæст мын алы райсом дæ мидбылхудт, хуры скастау, мæ зæрдæ тавæд... Исты дын куы балхæнын, уæд бацин кæныс, фæлæ мæм аф- тæ фæкæсы, цыма дæ мæ фæхъыг кæнын нæ фæфæнды æмæ бузныджы æфсон уый охыл атыхсыс ме ’фцæджы. Афтæ кæй хъуыды кæнын, уый тыххæй мæм ма фæхъыг у æппындæр нæ дызæрдыг кæнын, дæ удыйас мæ кæй уарзыс, ууыл, фæлæ ма ды æндæргъуызон цин дæр куы зоныс... Æцæг цин, зæрдæйыдзаг цин; уый æз цалдæр хатты федтон дæ цæстыты, дæ цæсгомыл... Федтон уыцы цин æнæхъæнæй дæ буарыл, æмæ мæ амардтай уыцы æрдзон цины æнкъарæнтæй, мæ зæрдæ мын дæ армы дзыхъхъы бакодтай æмæ йæ ныллæмæрстай, туджы цъыртт дзы нал фæуагътай. Æмæ ’нæхъæн къуыритæ кусынæн нал уыдтæн... мæ тыхтæ цыдæр фесты... Цымæ мæ нæ фæхатыдтæ, Мадинæ? Ницы дын загъта дæ зæрдæ? Ды алцы æвиппайды куы банкъа- рыс, уæд мæ нæ бамбæрстай куыд зын мын уыдис а уалдзæджы нæм Битеты къуыпрагъ Хепайы ус, йæ иу къухы йæ сывæллон, иннæ къухы къус, афтæмæй ссад æфстаумæ куы ’рбацыд? Æх, мæхи Мадинæ, мæхи Мадинæ... Ды мæ зоныс, æз саузæр- дæ æмæ æдзæстуарзон нæ дæн, фæлæ цæмæн кодта йæ сывæл- лоны йемæ уыцы сæмпæрчъи? Хæдзары йæ кæмæн фæуагътаид, уый йын нæ уыд, цы? Сæ артдзæсты сывæллæттæй базмæлæн куынæуал и?!. Ды уыцы чъизи, лукъафындз чысыл лæппуйы дæ къухмæ куы райстай, йæ фындз ын амарзтай, ныпъпъа йын кодтай, дæ риумæ йæ балхъывтай æмæ мæм ахæм хурау-худгæ цæсгомæй, цинæй семыдзаг цæстытæй æрбакастæ, дæ цуры уыцы тæккæ лæгмæ Мады Майрæмы рæсугъддзинад ницыуал фæзындаид! Дæ зæр- дæ сывæллоны цины æнкъарæнæй афтæ байдзаг, æмæ æгасæй дæ цæсгомыл раивылд дæ уды æхцон уылæн. Æз та æрдæг мар- дæй къæбицмæ мæ къæхтæ тых æмæ фыдæй бахастон, цæмæй
уыцы цъаммар Хепайы къæбылатæн къусы нæ, фæлæ ведрайы дзаг ссад сæвгæдтаин... Уæдæй нырмæ тох кæнын Мадинæ мæ зæрдæимæ æмæ иу хъуыдымæ нæма ’рцыдтæн: цæй, иу саби нæхицæн искуы баца- гурæм æмæ йæ схъомыл кæнæм, зæгъын. Фæлæ цы рауайдзæн уымæй? Ома нæ хæс ууыл фæуыдзæн? Чи йæ зоны, фæрæстмæ уыдзæн нæ хъуыды? Уæгъды нæ фæуыдзæн нæ фыдæбон? Мыййаг фæсмойнаг дæр куы фæуæм, адæмæн сæхи хъæбултæ куынæуал кад кæнынц, уæд искæйы туг æмæ стæг кæм бакæн- дзæн дæ мæт?.. Раст зæгъгæйæ, мæнмæ скæнгæ хъæбул никуы- цæй бахъардзæн, куыд дæ фæнды, афтæ мыл фæхудæт дæ зæр- дæ... фæлæ кæд дæу фæнды, мæхи Мадинæ, уæд дын æз ууыл куыд не сразы уыдзынæн? Æрмæст æй ды зæгъ, дæуæй рацæ- уæд уыцы хъуыды æмæ æз разы дæн...» - Афтæмæй ныл сбон уыдзæн, - сылгоймаг раздæр æрæм- бæрста йæхи, - райсом дæ куыстмæ цæуын хъæуы, æрулæф, - узæлгæ загъта Мадинæ Сосланæн æмæ арæхстгайы ссæрибар кодта йæхи лæджы æрмттæй. * * * Зылди царды цалх, цыдысты бонтæ кæрæдзи ивгæ. Гъа æмæ гъойæ, æнæхъæлæба цардысты Сослан æмæ Мадинæ. Сæ иу иннæмæн цы хуыздæр балæггад кодтаид, ууыл архайдтой. Цы- фæнды расыгæй дæр Сослан йæ удыхайæн иу мисхал дæр ни- куы смаст кодтаид, тызмæг хъæлæсæй йæм никуы сдзырдта- ид. Мæнæ ома иуæй-иу лæгтау йæ маст йæ бинойнагыл акалд- таид? Нæ! Никуы, иу хатт дæр никуы уыд ахæм хабар. Хъæуы сылгоймæгтæ иууыл тæхуды кодтой Мадинæмæ. Ахæмтæ дæр дзы уыд, хæлæг кæмæ каст ацы дыууæ уды адджын цард. Сыл- гоимæгты фылдæрæн се ’гъдау куыд у афтæ-иу ыл фæсфæд дам-дум дæр акодтой, фæлæ дзы иуæн дæр йæ бон нæ уыд, хъæс- тагæи дзы исты загътаид. Куы никæй фæхъыг кæнай, уæд ио чи иæхиуыл цæй æфсонæн хъуамæ ’рымыса гæдыныхас? Æмæ Мадинæ та - хиуылхæцгæ, рæдау - искæйы хъыджы зынтæй бацыдаид. Фæлæ хорз адæймагæн хорз саразын куыд æхцон- дæттæг у афтæ æвзæрмæ дæр æвзæрдзинад аразын диссаг нæ
кæсы. Йæ ныхас кæнæ йæ ми искæмæн зын уромæн сты, ууыл хъуыды дæр нæ акæндзæн. Афтæ Мадинæйы файнуст Ануси дæр, сæр дзы хъуыд, нæ, уæддæр-иу йæ кой хъуамæ ракодтаид. Афтæмæй та уымæй хуыздæр чи зыдта, куыд рæстаг, хæлар æмæ рæдау адæймаг уыд йæ æнæзæнæг файнуст. Цалдæр азы иумæ фæцардысты бинонтæ æмæ йын йæ сывæллæттæм хихъæбул- тау зылди. Йе ’фсинæн уый цы фæлæггад кодта, афтæ ничи. Ахи- цæн сты æмæ уæддæр йæхæдæг цы æрхаста, уымæй дарддæр Мадинæ иумæйаг хæдзарæй иу судзин дæр нæ бакуымдта - мах исты хостæ кæндзыстæм, сымахæн даринæгтæ ис, уыдонæй цы ратонон, уый мын Хуыцау мæ фарсыл ма бахæцын кæнæд, - загъта йæ тиуæн æмæ афтæ æнæхъæлæбайæ рацыдысты Сосла- нимæ сæ мады амæлæтæй афæдзы фæстæ. Хъæуы кæрон Мады Майрæмы кувæндоны дæлейæ æрцардысты æмæ сæхицæн ад- джынæй хæдзар кодтой. Рæстæг куыд цыд, афтæ хъæу рæзти. Сыхæгтæ сын фæзынд - чидæртæ ма æрцард сæ цуры. Мадинæйы хуызæн æнцондзырд æмæ нæртон сыхагимæ алчи дæр иумæйаг æвзаг ардта. Ануси- йы цъаммар æвзаг-иу æм уæддæр аххæссыд. Афтæ, йæ кой-иу ницæмæн хъуыд, уæддæр æй фелхыскъ кодтаид. Сыхы устыты цур ын кæд фадат нæ фæуыдаид, йæ сæрыхицæуæн уæддæр ба- дардтаид йæ цæстмæ: - Ай дын цыппар фырты хъомыл кæнын, æнæхъæн хæдзары куыстытæ иууыл ме ’ккой æмæ мæ зæххы куыстмæ дæр демæ ифтындзыс. Дæ мард дын фенæд мæ дзæбæх тиу, уæдæ уый кæ- мæй фæци, йæ усы ’хсины дард куы кæны, уæд! Цæхæрадонмæ ма ахизæт - хурмæ йæ сæр ма срисса; куыроймæ йын ссинаг хæссын нæ бауадзы, - йæ астæу мацы кæна, цыма мын зæрдæ- хсайгæ у æмæ йын сыгъзæрин коцора лæппу ныййардзæн! Æгæрыстæмæй йын хъуджы бынтæ расæрфын дæр нæ уагъта ам цæргæйæ. Уæдæ ды куыд дурзæрдæ дæ, мæ тæригъæд дын баз- зайа, иу мады гуыбынæй нæ рацыдыстут? - Бирæ ма дзур! Дæ хъуыддагмæ кæс æмæ мæгуыр усы ныу- уадз. Ницы йæ кой кæнинаг дæ ис. Алкæй йæ цард куыд амо- ны, афтæ кæны. Алы хатт Мадинæйы куынæ барæмпъузай, уæд дын цард ад нæ кæны. Мæ уæздæттæ чындзмæ дæ къахдзæфтæ хъæуы.
- Ома, дам, цæмæй хуыздæр у дæ усæй? «Уæздæттæ», - йæхи сынцъылдта Ануси, - бон сауизæрмæ йæхимæ зилыны йеддæ- мæ йын цы куыст и, цы хуыздæр дзаума скæна, ууыл у, æндæр! Æхсын æмæ иту кæнын йе стыр ми, йæ бирæ сывæллæттæ йæ домынц? - Фæцу, æрцу æмæ та йын йæ дудаг тæппалы кой ракæныс. Дæ сывæллæттæм дæр дын бирæ фæкаст, æмæ мæ мæгуыр ма- дæн дæр уыйас чи фæлæггад кодта, фæлæ дæуæн уæддæр бæсты ницы цæуы. - Уæд æй рæхджы баййаф, кæд дæ мадæн мæнæй фылдæр уый ницы фæци! - Куыннæ, куыннæ, мæ хур! Стæй ды тынг лæггадгæнаг дæ! Дæ зæрдæ та дæхиуыл куыннæ худы. Иунæг иу хатт дæр ын йæ дзаума куынæ ныхсадтай. Мадинæ та-иу дæ сывæллæтты разæй нырма зæронд усы чысыл сабиау ныннадта, ныхсадта, стæй та - дæуæтты... - Загътон дын, уыцы иу ми зоны æмæ уый дæр ма арæзта- ид? Афтæ у, иутæ амондимæ райгуырынц. Æз цыфæнды бæсты хорздзинæдтæ саразон, уæддæр сын аргъгæнæг нæй!. - Иу дæхи хуызæн дæ куы фæуыдаид, уæд ма дæ бон дыууæ хатты нæмын дæр хъæуы уыцы «бæсты хорздзинæдты» тых- хæй, фæлæ дæ амонд у, æмæ мæ фыды цотæн хыл æмæ хъаугъа сæ туджы нæй, - уæззаугай загъта лæг æмæ дуармæ йæхи айста: «Амæ хъусæнтæ ис? Æдылы къоппа у æмæ ницыæмбарæг. Иу чы- сыл æм сылгоймаджы фæлмæндзинад нæй. Амондскæнæгæн цы загъдæуа, ай цард у?» Хъуыдытæгæнгæ ацыд Тембол тыргъмæ, къæпи райста æмæ хуыммæ фæцæуæг. Сосланы кæстæр æфсымæр Тембол бæргæ зыдта йæ усы æнæзæрдæмæдзæугæ миниуджытæ, фæлæ йæхи загъдау, цы бакодтаид, кæд æмæ сæ фыды мыггаджы туджы нæ уыд гуы- мирдзинад? Фæлмæн, барон, æнæхъыгдард мыггаг уыдысты сæ хæдзарвæндаг усæй, лæгæй. «Хуыцау дын де ’ргъомбасты цы ба- кæна, ууыл, дам, хъуамæ хъæцай. Иугæр хæдзары сывæллон фæзынд, уæд йæ мад бирæгъ куы феста, уæддæр ын цы дæ зæр- ды ис, барын хъæуы... Æндæра ай мæ цуры Мадинæйы кой куыд кæны? Ие рагъæй йын гæрзытæ хъæуы рауадзын, фæлæ сыл- гоймагмæ йæ къух чи исы... Йæ ныхтæ ныссагъта йæ иунæг фай- нусты, цыма йын йæхи дудгæбон фаг нæу. Уыйас æнæрхъуыды
у æмæ йын йæ сыгъдæгдзинад фаумæ хæссы! Æдылыйыл ма сыкъатæ вæййы? Сæнтдзæф! Сылгоймаг сыгъдæгдзинад æмæ уæздандзинадæй фидауы, мæхион та уый æмбаргæ дæр нæ кæ- ны. Цалынмæ иумæ цардыстæм, уæдмæ Мадинæйы руаджы нæ къуымтæ цæхæртæ калдтой, нæ хæринаг алы хатт йæ рæстæгыл цæттæ, хæрзад, сыгъдæг. Ныр - нæ, дам, æххæссын - æмæ нын нæ хæдзар æфснайдæй ничиуал фендзæн; къусæй, агæй, дзаума- йæ - иууылдæр сæ къахыл лæууынц искуыдæм лидзынæввонг. Хыл кæн цасфæнды, адæймаг йæхæдæг æрдзæй куыд рацæуы, æндæр дзы ницыуал гæнæн ис...». Мæсты уыд Тембол канд абон нæ, ныр къуыри дæргъы йын æууылдта уыцы маст йæ зæрдæ. Фæлæ кæмæн ракодтаид йæ хъаст, кæнæ цæмæн? Йæхицæй хуыздæр ничи зыдта масты ах- хосаг дæр æмæ йæ хос дæр. Цæуыл ма сдамдумæггаг кодтаид хъуыддаг, уымæй дæр йæ даргъæвзаг ус куы базыдтаид, уæд хыл сызмæстаид. Темболæн та бинонты ’хсæн хыл æмæ хъаугъайы бæсты йæ къубал ралыг кодтаис... Ибон абон, изæрæй, Тембол хæдзармæ цæугæйæ, уынджы Со- сланыл рамбæлд. Сæ мидбылты бахудтысты кæрæдзимæ; Сос- лан йæ кæстæр æфсымæры уæхск йæ уæхскæй бакъуырдта: - Кæм уыдтæ, лæппу? - Никуы, мæнæ, зæгъын, Тегайæн йе ’хцатæ бахæссон. Амæй- размæ дзы æртæ туманы хæс райстон. - Æмæ Тегамæ цæмæ цыдтæ, æз дын амардтæн? - фæхъыг каст Сосланмæ. - Уый цух ма дæн мæ иунæг æфсымæр исты кæна! Цæй, цы дæм фæхъыг каст, уыцы тæккæ Тега фæци мæ цуры æмæ сæ уымæй ракуырдтон. - Йæхæдæг та хинымæры афтæ: «Хъуыды дæр сæ нал кæнын, цал æмæ дæ цал хатты ракуырдтон æмæ сæ фæстæ- мæ никуыуал бакуымдтай. Цæсгом дæр ма дзы хъæуы. Ныр уын зæнæг нæй, уый тыххæй мæ сывæллæтты иууыл уе ’ккой сæ- вæрон». - Цом махмæ, фæйнæ сыкъайæ акувæм, - йæ цонгыл ын ра- хæцыд Сослан. - Ды, мæ лымæн, а фæстаг рæстæджыты æгæр кувынтæ си- стай. Кæд ма нуæзтай афтæ арæх? Мæ зæрдейæ сабаты Кокойты чындзæхсæвы афтæ фæрасыг дæ, æмæ дæ хæдзармæ кæнгæ ’рба- кодтой.
- Чындзæхсæвы хъуамæ срасыг уай, уæдæ цæмæн хуындæ- уы, - цыдæр æрхæндæгæй загъта Сослан. - Адæмы дæхимæ ма хъуамæ æркæсын кæнай, æндæра нуаз- гæ чи нæ фæкæны. - Афтæ дæр вæййы, уæдæ куыд... - æрхæндæгæй та бакодта Сослан, стæй йæ ныхас иннæрдæм аивта. - Дæ чындз дæ хъаст кодта, Тембол, дам, нæм никуыуал æрбауад. - Æмæ мæнæ ибон хуыцаубоны дæр сымахыл куы ракодтон мæ фæндаг. Мадинæ ма мын ногахст цыхт дæр рарвыста мемæ, сывæллæттæ, дам, ахæм фæуарзынц. - Дæуæн дзы цы Мадинæ ис, и? - бахудти та йæм Сослан. - Уас мæ уд йæ низтæ бахæрæнт мæхи Нарты Сатанайæн, уымæн дзы æмбал нæй, уый та чи нæ зоны. - Загъта Тембол æмæ уыцы тæккæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, ай размæ йын Мадинæ цы загъта, уый: «Тембол, дæуæй ме ’фсымæрæй мæнæн хъуаджы нæй æмæ дæм уæндгæ дæр уымæн кæнын... Афтæ цæрын мæ бон нал у, дæ хъаст кæмæн ракæндзынæ, чи дæ бамбадзæн, сымахы йеддæмæ нын чи ис. Æмæ цæй, дæ кæстæр лæппуйы нын радт. Хуыцау ме ’вдисæн, хи хъæбулау æй схъомыл кæндзынæн. Искуы дæр нæ хъуыддаг уымæ æрцæудзæн, æмæ æцæгæлоны бæсты мæхионыл фæфыдæбон кæнон, мæ муртæ дæр Сосланы туг æмæ стæгæн баззайой, уый растдæр нæ уыдзæн? Ахъуыды кæн, Тембо. Æз дæр æркой кæндзынæн Сосланæн. Йæ хъуыды йын, æнæуи, зонын, зын æм кæсы куыддæр искæй хъæбулы бæрны бацæуын, фæлæ йæ туг, йе стæгыл, чизоны, сразы уа». Ницы зæгъын баци йæ бон уæд Темболæн. Уымæн нæ, æмæ йæ лæппуйы йæ цæст нæ уарзта... Нæ! Йе ’фсымæрæн йæ уд дæр нæ бацауæрстаид, ныр та хъуыддаг алы ’рдæм дæр йæхи пайдайæн уыд, цæмæннæ хъуамæ сразы уыдаид. Бонæн йæ фæстагмæ, уым диссагæй цы уыд, йе ’фсымæр, йæ туг, йе стæг ын йæ фырты схъомыл кæндзæн æмæ йæ фидæн арæзт алцæмæй. Ам, йæ цуры цæрдзæн, дард бæстæмæ йæ куынæ æрвиты, мыййаг. Иу хæдзар куы сты, цы ис уым стыр хъуыдиагæй? Нæй! Йæ хъуыр ын æндæр æнкъарæн æрбахгæдта... Йæ зæр- дæ суынгæг, йæ цæстытыл уымæл фæлмгондæй раивылд æмæ иæ нал суагъта сдзурын. Уыйхыгъд йæ сæры ленк кодта хъуыды «куыд сыгъдæгзæрдæ, куыд уарзæгой уды хицау дæ, мæ рæсугъд
чындз... Дæлæмæ æрхауæнт уыцы Хуыцау, дæуæн, хъæбулы ад макуы банкъарæд зæгъгæ, дæ ныхыл чи ныффыста, уый...» Ницы загъта уæд йæ чындзæн Тембол. Уымæл цæстытæ ба- зылдта усырдæм æмæ йæ уæхсчытæ разыйы тылд бакодта - ома, уæхæдæг зонут, æз уæ ныхасыл дыууæ нæ зæгъдзынæн... Ныр цыд йе ’фсымæры иу фæрсты æмæ Мадинæйы ныхасыл хъуыды кодта: «Цыма исты бадзырдтой? Цы хъуыды ис ацы лæппумæ та?». Мадинæ хæдзары нæ разынд. «Кæд донмæ ауад», - ахъуыды кодта Сослан æмæ йе ’фсымæрæн бандонмæ ацамыдта. - Æрбад, уый искуы бадынтæ нæ уарзы. Тагъд зындзæн æмæ нæ суазæг кæндзæн истæмæйты. - Ницы мæ хъæуы. Нырма æрдæбон ахордтон къæбæр, - загъ- та Тембол. Куыддæр сын раздæрау ныхаскæнын нæ уад. Сæ иу дæр æмæ се ’ннæдæр сæхимид тыхстгомау æнкъардтой сæхи. Сослан иу цъус йæхи арадав-бадав кодта, фæлæ фынг æвæрынтæм никуы рæхст æмæ йе ’фсымæрмæ мидбылхудгæ бакаст, ома уыныс, сыл- гоймаджы хъуыддæгтæм не ’рæхсын æмæ æнхъæлмæ кæсæм. Стæй афтид фынджы фарсмæ бандоныл æрбадт, иу чысыл ахъуыды кодта æмæ зæхмæ кæсгæ сæппæрста: - Тембол... Мадинæ мын... Мадинæйы фæнды, цæмæй дæ лæп- путæй иуы махæн радтай... гыццыл... фæлæ, зоныс, Тембол, дæ- уы йеддæмæ мæнæн ничи ис... Æмæ дæуæй дæр мæхицæн знаг саразон, ме ’фсымæр, уый мæ бон нæу... Нæ рауайдзæн хорз уы- цы хъуыддаг... Куыд дын æй бамбарын кæнон, уый мæ бон нæу. Иу хъæуы, иу фыды фырттæ æндæргъуызон хъомыл кæной, æндæргъуызон рæвдыд æййафой... куыддæр мæм никуыцæй хъары уыцы хабар... Ма мæм фæхъыг у Тембо, дæ цыппары дæр дын иугъуызон уарзын, хорз æй зоныс, цы мæ бон уа, уымæй сын мæ уд сæ фæхъхъау, фæлæ дæхион дæхимæ хъомыл кæнæд... цыфæнды æвзæрæй дæр хи мад адджын у кæнгæ мадæй... Бам- бар мæ, Тембо... - тыхстæй загъта йæ фæстаг ныхас Сослан. Тембол æм хъуыста æмæ фыццаг афтæ фенхъæлдта, «æфсæр- мы кæны ме ’фсымæр, мæ лæппуйы мын кæй куры», æмæ йын фæтæригъæд кодта: «иууылдæр дæу фестæд, цы хъауджы у мæн уыдзысты æви дæу»... Стæй йæ хъустæ куы ацахстой: «нæ
рауайдзæн хорз уыцы хъуыддаг», зæгъгæ, уæд йæ зæрдæ фæ- сæххæт кодта æмæ лæмбынæгдæр байхъуыста. Сослан йæ ныхас куы фæци, уæд дæр ма Темболы хъусты мы- нæгæй зæлыдысты дзырдтæ: «цыфæнды æвзæрæй дæр хи мад адджындæр у... «цыфæнды æвзæрæй дæр хи мад адджындæр у...» Стæй æрæджиау, цыма исты аххосджын уыд йе ’фсымæры раз, афтæ æнкъардгомау бакодта: - Æмæ цæмæн афтæ тыхсыс, лæппу... Уæхи куыд фæнды, аф- тæ кæнут, æз куыницы... - Нæ мæ бамбæрстай... - Бамбæрстон дæ, куыднæ дæ бамбæрстон: мæ лæппу сымах- мæ хорз хъомылад райсдзæн, фæлæ йын йе ’взæр мадимæ хуыздæр уыдзæн... - Кæсыс, цыхуызæн мын бамбæрстай мæ хъуыды?! - фес- тъæлфыд Сослан. - Ома дæ сывæллæтты мад нæ бæззы æмæ мæ бинойнаг хуыздæр у! Нæй, æз æй уыцы хъуыдымæ гæсгæ нæ зæгъын, раст циу, æз уый зæгъын! Ацы дыууæ стæм æмæ ныр- мæ куыд адджынæй фæцардыстæм, нæ амæлæты бонмæ дæр афтæ хъуамæ фæцæрæм! Уыцы хъуыддаг та ахæм у, æмæ йæ фæстæ истытæ расайдзæн. Зæгъæм, æз лæппуйы истæйы тых- хæй асхуыстон æмæ кæугæ йæ мадмæ бауад, уæд куыд хъуы- ды кæныс, Ануси æнæисты зæгъгæ фæуыдзæн? Нæ! Æмæ цæ- рæнбонты нæ кæрæдзийы зæрдæтæ хъуамæ къахæм! - Хорз, лæппу, хорз, цæуыл мæм хыл кæныс? Æз дын ахæмæй куыницы загътон. Уæхи куыддæриддæр фæнды... Мæнæн хис- тæры бынаты ды дæ, æмæ куыд зæгъай, афтæ... Мадинæ кæртмæ куы æрбахызт, уæд Сосланы хъæрæй ныхас йæ хъустыл ауад æмæ фæдисау: «кæимæ дзуры афтæ хъæрæй, дæ мæрдтыстæн?!» - æмæ иучысыл тыргъы алæууыд. Фæстаг ны- хæстæй фембæрста - цæуыл цæуы дзырд æмæ йæ зæрдæ сгуыпп- гуыпп кодта: «мæнæн «нæ» не ’сфæрæзта, фæлæ йе ’фсымæры азымы дары. Æмæ уый куыницы гæнæг у, уæд ын мæн тыххæй цæмæн маст кæны?» - йæ зæрдæ фæрыст усæн. Мидæмæ бахызт æмæ йæ тиуæн салам радта. - Дæ бонтæ хорз, Тембол. Дæ чындз хæдзары нæй, уæд аф- тид фынгыл хъуамæ бадат, нæ - хъæлдзæгæй загъта æмæ фынг æвæрын райдыдта.
Æфсымæртæ сæ ныхас нал адарддæр кодтой. Налдæр хъуыд. Цы ма дзы уыд зæгъинагæй. Алцыдæр æмбæрстгонд уыд: «Нæ фæнды Сосланы мæ лæппутæй искæйы йæхицæн ракæна... Чи зоны раст хъуыды кæны. Æмбарын æй, Ануси Мадинæйау зонд- джын æмæ дардылуынаг куы уаид, уæд дзы дзырддаг никуы ни- цы рауаид, фæлæ йе ’взаг мæрдтæм хуынкъ кæны, хъæуы кæ- ронмæ дæр раххæссы йæ файнустмæ, æмæ... Нæ, раст дæ, ’фсы- мæр... нæ адджын ахаст нын фехалдзæн уыцы хъуыддаг. Ныр ба- рут ме ’дылыкъоппа усæн, фæлæ алы хатт нæ разындзæн лæг- мæ уыйбæрц быхсыны фаг тых...». - Хæстæгдæр æрбабад, лæппу, - бахатыд Сослан йе ’фсымæрмæ æмæ Мадинæйы къухы арахъхъы дурынмæ куы фæкомкоммæ, уæд ын афтæ: - Усай, сæнæй дæр рахæсс, - стæй фестад, - цы дын цума кæнын, мæхæдæг ныууайдзынæн ныккæндмæ, - æмæ фед- дæдуар. Тембол Мадинæмæ цыдæр мæгуыргъуызæй бакаст æмæ ус йæ тиуы цæстыты алцыдæр, кæсæнмæ кæсæгау, бамбæрста. - Зыдтон æй, фæлæ зæгъын, кæд йæ туг, йе стæгыл уæддæр сразы уаид, - саст хъæлæсæй сфæрæзта Мадинæ. - Ницы кæны, чындз... Цы бачындæуа, ме ’фсымæр раст хъуы- ды кæны... Уæдмæ Сослан æрбахызт мидæмæ сæны дурынимæ æмæ сæ ныхас аивтой. - Уæдæ мæ кæд нал уадзыс, уæд акувæм, - æмæ Тембол йæ бандон фынгмæ баввахс кодта. Минасыл схæцыдысты æфсымæртæ, куывтой, алцæуыл дзырдтой, фæлæ сын сæ зæрдæ цы маст æууылдта, ууыл сыбыртт дæр не скодтой. Иудзæвгар фæбадтысты æмæ стæй Тембол сыстад: - Фаг нын у, бакæсон ныр хæдзармæ. Мадинæ æмæ Сослан дæр йæ фæстæ рахызтысты. Кæрты лæг цыдæртæ архайæг скодта йæхи, ус дæр хæдзармæ баздæхт, фынг сæфснайдта, къустæ ныхсадта, афтæ, цайдагъмæ гæсгæ арæзтой къухтæ сæ хъуыддаг, сæры та хъуыдытæ кæрæдзи ивтой, фæлæ зæрдæ цæуыл фæлæууыдаид, ахæмæй ницы ахстой. Афтæ сыл æнæадæй баизæр бон. Сæ дыууæ дæр сæхи афтæ хатыдысты, цыма цы не ’мбæлд, ахæм цыдæр бакодтой, кæрæ- дзийы зæрдæтæ, сæхи дæр нæ фæндыд, афтæ фæриссын код-
той æмæ ныр сдзурой, исты зæгъой æмæ сæ уды æвзæр равгæй исчердæм фервæзой, уый нал зыдтой. Мадинæ цал хатты æддæмæ рахызт, уал хатты та-иу Сосланы æрфыгæлхынцъæй ницы-мацытæй архайгæ суыдта æмæ йын фæтæригъæд кодта. «Ныр цæуыл йæхи хæры, нæ йæ фæнды æмæ йыл тыхæй чи у. Нæ цард ма æнæадæн цæуыл хъуамæ тонæм. Хуыцауы куыд фæнды, афтæ уыдзæн», - ахъуыды кодта æмæ Сослан кæрты дуарæй æддæмæ куыд фæцæйхызт, афтæ йæм хъæрæй адзырдта: - Кæдæм-ма цæуыс, мæнæ лæг, ныр куы баизæр... Сослан дзыхълæуд фæкодта. Стæй уæззаугай раздæхта йе ’ргом усырдæм æмæ йæм скаст. Мадинæ йæм бахудт. Лæгæн цы- ма йе рагъæй стыр уаргъ ахауд, афтæ рог улæфт скодта æмæ хæдзары ’рдæм ранкъуыст. * * * Мадымайрæмы аргъуан хъæугæрон амад уыд. Раджы, Сове- тон дуджы дины хъуыддаг куы фæкъуылымпы, уæдæй фæстæ- мæ йæм ничиуал цыди, ничиуал дæр цырæгътæ сыгъта æмæ æнæркастæй йæ алыварс схæмпæл, къултæн сæ сæрст ранæй- рæтты ’рызгъæлд, кæмдæрты дуртæ дæр рахаудтой. Цæугæ йæм ничи кодта, фæлæ уæддæр адæм химид цыдæр аргъуц код- той, æгæрстæмæй, сывæллæттæ дæр аргъуаны кæрты хъазын куыддæр нæ уæндыдысты, уæдта нæ фæччы, æндæра хистæр- тæй цæмæннæ исчи цæуы, зæгъгæ. Кæддæр, æвæццæгæн, тынг раджы, хъæубæстæ сæ мæрдты ам ныгæдтой. Уый уымæй зынд, æмæ аргъуаны алыварс марды дуртæ дзæвгар уыди æдфысты- тæ. Афтæ рагон уыдысты, æмæ иутæ æрдæгы онг сыджыты бын фесты, иннæтæ та иууылдæр аныгъуылдысты æмæ ма сæ лæгъз сæртæ зындысты. Æвæццæгæн, сын хицау дæр нал уыд æмæ рохуат баззадысты. Адæм хъæуæй дард скодтой уæлмæрд, ар- гъуан дæр дзы самадтой, фæлæ уымæн дæр абоны онг æрмæст йæ къултæ баззадысты, афтæ æрдæг калдæй лæууы. Иурæстæджы, Мадымайрæмы аргъуанмæ æввахс чи царди, уыдон фæхатыдысты, изæргæтты-иу иу цасдæр рæстæджы рухс калди аргъуаны гом дуарæй, стæй-иу ахуыссыди. Устытæ ра-
дзырдтой хабар, хъæуыл айхъуысти, фæлæ уынгæ ничи фæкод- та, чи сыгъта рухс ныр гъеуал азы рохуат баззайгæ кувæндо- ны. Боныфæстагмæ, æнæбазонгæ кæд цы баззад, æмæ иу изæр- далынгты кувæндоны тæккæ цур цæрæг бинонтæн сæ зæронд ус Къатин кæртмæ рахизгæйæ ауыдта - рухс та калди кувæндо- нæй, стæй дзы рахызти сæрæй къæхтæм урс-урсид пысулты бæрзонд сылгоймаг... Фыртæсæй йæ бынаты дзагъырдзæстæй аззад Къатин, стæй йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта, фæлæ цæс- тытæ нал хицæн кодтой уыцы урс пысулджынæй. «Циу, чи хъуамæ уа? Æндæрг у æви...». Лæууыд джихæй Къатин æмæ ка- сти. Æндæрг та, урс-урсид æндæрг, хъавгæ-хъавгæ, арæхстгай рахызти дурты рæдзагъдыл æмæ дæлæсыхырдæм ауырдыг код- та. «Йæ фæстæ ацæуин»? - иу къахдзæф акодта, фæлæ уæлæмæ куы акаст, уæд æндæрг фæтары, нал разынди. Къатин йæхимид сзыр-зыр кодта æмæ ма йæ къæхтæ тыхæй исгæ хæдзармæ ба- цыд. Никæмæн ницы схъæр кодта, дзурыны сæр дæр ын нал уыд фыртæсæй. «Нæдæр хъæуы исты зæгъын, фæхуддзысты мыл, йæ цæстытыл, дам, цыдæртæ ауади». Схуыссыд, фæлæ фыдæхсæв фæци. Афынæй-иу ис æмæ та урс æндæрг хъавгæ-хъавгæ фæцæ- уы, куы та йæм афтæ каст, цыма уæлæмæ стахти æмæ арвы тыгъ- дады аныгъуылд. Ус райсомæй уæнгтæцъæл, фæлладæй растади; хæдзарон митæ кæнгæ дæр зæхмæ каст, аргъуанмæ акæсын дæр нал уæндыд. Фæссихор йæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ æддон- гарз суадонырдæм айста йæхи. Цыд цъусгай, кæд ыл исчи рам- бæлид. Суадоны цур дæр алæууыд æмæ куыддæр йе ’ргом хæдза- рырдæм фæкодта, афтæ сæ сыхæгтæ дыууæйæ дзургæ рацæй- цыдысты. Æрлæууыд, банхъæлмæ сæм каст. - Дæ бон хорз, Къатин! - хъæлдзæгæй йын салам загътой æмæ куыд вæййы, афтæ, устытæн ныхас бацайдагъ. Къатин сæм хъуыста æмæ хъуыды кодта: зæгъа æви ма зæ- гъа, дысон цы федта, уый... А ныр хæдзæрттæм рацæуой, афтæ йæхи нал баурæдта: - Мæнæ устытæ, иу цыдæр уын хъуамæ рахабар кæнон æмæ мыл худгæ ма фæкæнут, нырма афтæ цæстцух нæ дæн... - æмæ сын лыстæггай радзырдта, цы федта, уый. Устытæ фырдисæй кæрæдзимæ кæсгæйæ аззадысты. Стæй сæ иу - Хъоцион уæззаугай афтæ.
- Амæйразмæ Бецъаты Къолайы ус Бабианы рынчындонæй рафыстой, сæнттæ, дам, цæгъды, æмæ, дам, æй Сураммæ аласут. Къола сын нæ бакуымдта: Сурамы рынчындонмæ, дам, æрра-ты фæкæнынц, мæ усмæ æррайæ мæ зæрдæ не ’хсайы, - æмæ йæ хæдзармæ раласта. Цалдæр хатты йæм рынчынфæрсæг бацыдтæн, ницы сæнттæ цæгъды, фæныхас кæнæм, дзурын ын, æцæг, зын у, тынг смæл- лæг, удысымаг дзы нали, фæлæ дзы ахæмæй ницы фæхатыдтæн. Æрмæст бинонты баййардта - урс къаба, дам, мын бахуыйут, урс кæлмæрзæн æмæ мын урс дзабыртæ балхæнут. - Уæдæ ибон йæ чызг Аничкæ урс миткали уымæн балхæдта дуканийы?.. Уæд, чизоны, Бабиан уыд, ды та дзы тæрсгæ фæкод- тай, - йæ хъуыды загъта Гæдо. Стæй фæцыдысты устытæ сæ сæр- тæ тилгæ. Къатин афтæ сцыбæл, æмæ баизæрмæ æнхъæлмæ- кæсгæ йæхицæн бынат нал ардта - кæддæра изæры дæр фæзын- дзæнис урс æндæрг. Уæгъды фæци йе ’нхъæлмæ каст усæн - нæдæр уыцы изæр, нæдæр дыккаг изæр кувæндонæй рухс нал разынд, кæд æй фæсахсæвæртæм хъахъхъæдта Къатин, уæддæр. Бонтæ цыдысты æмæ Къатины чысыл-ма бахъæуа, йæхи дæр нал уырныдта, æцæгæй федта урс æндæрг æви йæ цæстытыл ауад уыцы ныв. Фæлæ иу бон алцыдæр рабæрæг... Нырма изæрмæ бирæ уыд, афтæ та Къатин федта Мады- майрæмы алыварс сыгъдæг кодтой Бабианы чызг Дуду æмæ йе ’фсымæр Герас. Дæлæмæ цæуæг - уæлæмæ цæуæгæй сыл сæ цæст æрæвæрдтой. Иуцалдæрæй Герасы æмцахъхъæнтæй дæр бацы- дысты æмæ сын æххуыс кодтой. Афтæмæй изæрмæ кувæндон æддейæ дæр æмæ мидæгæй дæр ныссæрфтой, асыгъдæг æй код- той, йæ бацæуæнтæ дæр ын сраст кодтой къæпийæ. Уыцы сабаты изæрæй Бабиан æрбацыд йæ урс дзаумæтты, бахызт кувæндонмæ, ссыгъта æртæ цырагъы, фæкуывта. Стæй’ рахызти йæ къухы урс æндахы къуыбылоимæ, æртæ зылды æр- кодта кувæндоны алыварс æмæ йын йæ къултыл æртæ тыхт æркодта урс æндах, бахизæны къæсæрыл æрзоныгуыл кодта, иæ ных æртæ хатты æрхаста къæсæры дурмæ, стæй сыстад, йæ- хиуыл дзуæрттæ бафтыдта æмæ рацыд йæ хæдзармæ. Къатин ма йæм аивæй каст сæ кæртæй æмæ цыдæр тасхуыз æнкъарæн бацыд йæ зæрдæйы. Радзырдта та йæ сыхæгтæн
ног хабар. Чи цы загъта; чи - цы, фæлæ, цыма, уыдонæн дæр сæ зæрдæйы цыдæр дызæрдыг бахъуызыд: уæдта ма æцæгæй исты ис, уæдæ афтæ уæззау рынчыны фæстæ куыд сдзæбæх Бабиан, дохтыртæ дæр ыл сæ къух ауыгътой... Бабиан уæдæй фæстæмæ алы сабат дæр цыд, никæмæйуал- дæр æмбæхсгæ кодта, никæмæйдæр тæрсгæ, сыгъта цырæгътæ æмæ сыгъдæг дардта кувæндоны. Хъæу чысылгай уыцы хаба- рыл дæр сахуыр сты. Иутæ афтæ нымадтой - йæ зондыл нал у, зæгъгæ. Иннæтæ та - сдæсны ис, асдæр адæм - Хуыцау ма кæйты уырныдта æмæ дзуармæ цæуын чи нæ уæндыд, уыдон бузныг уыдысты сæ зæрдæйы æрфыты Бабианæй. Мах дæр цæудзыстæм дзуармæ, кæд Бабианы ничи æфхæры, уæд, чи зоны, махтæн дæр ничи ницы зæгъа. Æмæ та тыхсты рæстæджы Хуыцаумæ аивæй ма кувæм æмæ Мадымайрæмæн дæр нæ бинонты æргомæй фæ- дзæхсæм. Афтæ бонæй-бонмæ сахуыр сты адæм аргъуанмæ цæуын; фылдæр сылгоймæгтæ цыдысты, сæ бæллицтæ-иу раргом код- той Мадымайрæмæн æмæ-иу стæй ныфсы æнкъарæнтæй хъарм зæрдæтимæ здæхтысты сæ бинонтæм. Сослан æмæ Мадинæ хъæугæрон куы æрцардысты, уæд ацы хабарыл - ома кувæндонмæ цæуын æмæ хибафæдзæхсын рагæй иугъæдон цау уыд, хъыгдарæг сæ ничи уыди, уыцы рæстæджытæ фесты. Мадинæ уый размæ дæр арæх цыд кувæндонмæ, ныр та йæ тæккæ цур уыдысты æмæ алыбон дæр йæхи фæдзæхста æмæ куывта Мадымайрæммæ, лæгъстæ йын кодта, цæмæй йын хъæбулы ад банкъарын кодтаид. «Цынæ вæййы, дæуæн алцы дæ бон у сыгъдæг Хуыцау, байхъуысæнт дæм мæ уды рис, радт мын мады амонд»... Зыдта Мадинæ, йæхицæй хуыздæр чи зыдта, зæнæг ын цæмæннæ цæуы, фæлæ уæддæр кæмдæр йæ зæрдæйы æрфыты цыдæр ныфсы цъыртт тъæбæртт-тъæбæртт кодта: «афтæ мæ куыд рауæлдай кæндзæн ме Скæнæг æмæ мæ хæдза- рæй сабийы худын ма райхъуыса...». Кувæндоны-иу кæд никæй баййæфта, уæд-иу ныззоныгуыл кодта æмæ цæссыгкалгæ йæ зæрдæйы рыст хъардта Мадымай- рæмæн: «Баххуыс мын кæн, дæ рын бахæрон, радт мын удын- цой, радт мын мæ зæрдæйы хъарм кæуыл батайын кæнон, ахæм ныфс». Æнæбындур уыдысты Мадинæйæн йæ бæллицтæ, уæд- дæр цæмæндæр хуыздæрмæ æнхъæлмæ касти. Уырныдта йæ
йæ цард хъуамæ фæивтаид, хуыздæрæрдæм фæивтаид æмæ алы боныл ныфсимæ æмбæлди. Афтæ у, адæймаг цыфæнды фыдцард æмæ фыдтыхсты дæр ныфсæй цæры. Лæг иугæр алцæуыл йæ къух куы ауигъа, алцæмæ иугъæдон цæстæй куы кæса, уæд ахæм царды ад нал ис, мидис дзы нал уыны. Æмæ йæм бахъары, адæймаг а зæххыл уымæн нæ сæвзæрди æмæ æрмæст ууыл архайа, хæрдцух ма баййафа, уазал æй ма стыхсын кæна. Адæймаджы ма удгой- маг дæр хонынц. Æмæ удæй у адæймаг, æрмæст фыд æмæ стæгæй нæ. Уд, зонд æмæ зæрдæ сты фыццаджыдæр цæмæй банкъа- ры, гоймаг кæй у æмæ йын рис, катай, цин, хъыг кæй дæттынц змæлыны тых. Уды хъарм куынæ батава адæймаджы, уæд бæлас æнæдонæй куыд бахус вæййы, афтæ адæймаджы уæвынад дæр æнæмидисæй фæвæййы. Мадинæ зондджын ус уыди. Алцыдæр хорз æмбæрста, ал- цыдæр зыдта, æмæ йæ зын дæр уый мидæг уыд - цас фылдæр зыдта, уыйас фылдæр тыхсти, фылдæр хъуыды кодта йæ сомбо- ныл. Хатт-иу йæхи æрсабыр кодта: «Цæй цалынмæ цæрæм, уæд- мæ кæрæдзи фæрцы истытæ кæндзыстæм, стæй нæ æнæныгæ- дæй кæм ныууадздзысты». Фæлæ ацы хъуыды ницыдæттæг кæй уыд, уый дæр тынг хорз æмбæрста. «Æнæныгæдæй Ирысто- ны чи баззади? Мах дæр нæ баззайдзыстæм, фæлæ сæйраг уый у, цалынмæ удæгас дæ, уæдмæ куыд æрвитыс дæ цард, цы фæд ныууадздзынæ дæ фæстæ, уæлæуыл рухсзæгъæг дын куынæ уа, уæд ам дæр æнæмæн у зæгъæг куыд дæ, уымы бæстæйы дæр афтæ иппæрд æмæ мæгуырæй тухи кæндзæн дæ мæгуыр уд. Нæй, исты ’рымысын хъæуы...» Æмæ иу дзæбæх бон... Иу дзæбæх бон Мадинæйыл дæр сбони. Майрæмыкуадзæны æхсæвы Мадинæ фын федта: цыма йын чысыл чызг уыд æмæ йын йæ мад горæтæй цы хъазæн чындз æрхаста, уымæй хъазыд. Хъуамæ йæ бафынæй кодтаид æмæ йæ лæгъзытæ кодта. Уый та йын нæ куымдта æмæ хъæрæй куыд- та... Мадинæ йæ йæ риумæ æлхъывта: «Ма ку, мæ зæрдæ, цæуыл кæуыс, мæнæ дын дзидзи», - æмæ йын йæ рахиз къухæй дзидзи йæ дзыхы тыхæй тъыссы. Уый та йæ гæндзæхтæ цæгъды æмæ хъæрæй бæгъ-бæгъ кæны. Æмæ ус фехъал, сабийы кæуынмæ фехъал! Фæлæ афтæ æнæ- фезмæлгæ, цъынддзæстæй хуыссы, йæ рахиз цонгæй йæ галиу дзидзииыл хæцы æмæ йæм цыма тынг дардæй сабийы нымæг
хъæлæсæй кæуын хъуысы... Хуыссыд æмæ йæ нæ фæндыд йæ цæстытæ байгом кæна, нæ йæ фæнды уыцы рæсугъд ныв айсæ- фа æмæ йæ буары æхцон дыз-дыз фылдæр рæстæг ахæсса... Сослан растад уатæй. Ус уый фæхатыд, фæлæ раздæрау нæ азылд йæ удыхайæрдæм, фынæйы ’фсон скодта æмæ хъуыста, лæмбынæгæй хъуыста - нал ахстой хъустæ уыцы æхцон кæуыны зæлтæ, бамынæг сты, уæддæр æнæфезмæлгæ хуыссыд æмæ ха- тыд, лæг куыд скодта йæ дзаумæттæ, куыд арæхстгай ахызт уа- тæй. Æрфæндыд æй, адзура йæм «фæлæуу, мæнæ цы диссаджы фын федтон, радзурон дын æй». Фæлæ рæстæгыл æрцыд йе ’муд: «Нæ хъæуы, нæ хъæуы. Æз фыны байрадтæн, уымæн та зын уыдзæн, йæ хъæдгомыл цæхх байзæрстау мын рауайдзæн. Мæ фын мæхи уæд, фыны уæддæр хатон мæхи мадæй... Цæй, æз дæр сыстон, мæ райсомы зылдтытæ бакæнон. Абон бæрæгбон у, Мадымайрæм, дæ фæдзæхст! Скувын хъæуы, æртæ кæрдзын скæнын, цырæгътæ ссудзын дæр æмбæлы...». Æмæ уыцы уæнг- тæрæуæгæй растади уатæй. Йæ зæрдæйыуаг ацы райсом афтæ хъæлдзæг уыд, цыма йыл стыр хорзæх æрцыд. Уат сæфснайдта, аходæн ацæттæ кодта, фынг æрæвæрдта æмæ тыргъæй Сослан- мæ адзырдта: - Хæдзармæ уал рахиз, Сосик, ацаходæм, куыст никуыдæм лидзы! Усы хъæлæс ацы райсомы сатæджы Сосланы хъустыл афтæ æхцон зарæгау ауади, æмæ фæдисау Æмæ ноджы «Сосикъ» - дам. Уыцы номæй йæм уартæ ма æвзæнгтæ куы уыдысты, куы бацардысты, уыцы фыццаг бонæй фæстæмæ куыникуыуал ба- дзырдта, уæд абон цы йæ хъуыдыйы æрцыд? Æнæуый та Ма- динæ уыцы фæцыбыргонд рæвдауæн номæй уымæн нал дзырд- та йе ’мкъаймæ, иухатт ын йæ файнуст Ануси афтæ куы ба- тъæпп кодта былысчъилæй, «цæй къулбадæг митæ сты уыдон та: хохыйас лæгмæ афтæ дзурыс, цыма гыццыл лæппу у!..». Феф- сæрмы ус, фæлæ йæм кæд тынг фæхъыг каст, уæддæр ницы сдзырдта. Бæргæ дзы Ануси кæстæр уыд æмæ йыл не ’мбæлд афтæ зæгъын, фæлæ уый раздæр æрцыд чындзы ацы хæдзар-мæ æмæ йæхи барджыны бынаты æвæрдта. Мадинæ та, æнæуый- дæр, æфсæрмгæнаг уыд æмæ алцы барста, алкæмæн, чысылæй, стырæй, лæггад кодта сыгъдæгзæрдæйæ, æгъдаумæ гæсгæ æмæ йæ бинонтæ иууылдæр бирæ уарзтой. Зæронд ус - æфсин «Ма-
динæ цæрайæ» дарддæр æндæр ныхасæй йæ кой не скодтаид. Уый та Анусийæн масты хос уыд. «Цы дзы федтой ацы хуыс- къæлæй, мæнæй фылдæр цы æрбахаста ацы сыгъдыйы хæдзар- мæ, алцы иууыл ме ’ккой куы ис, уæд!>>? Æргом ницы дзырдта, фæлæ йæ маст йæ хуылфы нал цыд. Йæхи сывæллæттæ дæр иудадзыг «Мади, Мади» кæй кодтой æмæ йыл-иу куы æрца- уындзæг сты, уый та йæ иууыл æрра кодта. Æмæ-иу сыл ныт- тай-тай кодта: «Цы бафтыдыстут усыл, сулæфын æй мауал ба- уадзут, - йæ пырх-иу уыдоныл акалдта, - адде ут дуармæ!». Йæ- химæ, Мадинæмæ, цы хъуамæ æрхастаид азымæн, ахæмæй йæ къухы ницы æфтыд - ус алкæуыл тади æмæ руади - уæдæ æхсгæ, найгæ, сывæллонæй, зæрондæй, хæринаг аразынæй, къуымтæ æфснайынæй - иууылдæр Мадинæйы бæрн уыдысты. Йæ арæзт хæринагæй йын-иу Тембол кæнæ æфсин куы раппæлыдысты, уæд-иу йæ цæсгом сырх адардта фырмæстæй: «Уæдæ хъуццытæ дуцын ницы у, нæ? Уæдæ скъæт хафын æнцон у, нæ? Æз сын дæллаг гал дæн, сау куыстытæ мæ хай сты, ай та мын горæттаг хъомыл - сыгъдæджыты йеддæмæ ницæмæ арæхсы, ницы йæм хауы...». Æхсыст йæхимид файнуст, фæлæ зæгъын нæ уæндыд. Уый дæр тынг хорз æмбæрста, Мадинæйы æрбацыды фæстæ сæ хæдзар куыд рафидыдта, йæхи сывæллæттæ дæр бæрæг куыд хицæн кодтой хъæуы сабитæй сæ сыгъдæгдзинадæй. Бинон- тæн дæр сæ хæрд рæстæгыл, сæ дзаумæттæ сыгъдæг, хæрзиту. Уый æппæт лыстæг миты фæстæ ма сывæллæттимæ ахъазын, сæ аирхæфсынæн дæр кæй ардта рæстæг, уый дæр хæлæг каст Анусимæ: «Хингæнæг, чысылæй, стырæй сæ йæхиуыл сбаста, цы дзы федтой ахæмæй, диссаг нæу?». Иууыл тынгдæр та йæ уый æргæвста, Сослан-иу йæ усмæ, æнæдзургæйæ, уыцы уарзæгой цæстæнгасæй куы бакаст, йæ цæсгомыл-иу йæ зæрдæйы хъарм куы хъазыд. Уыцы ныв ауынгæйæ-иу йæхи ницыуынæг скодта, кæнæ та-иу йæхи иуæрдæм айста: «Нæ, уæдæ дзы мæнæн дæр ис, чи мыл бацин кæна, «æгомыг» цыдæр! Дæхæдæг æм куынæ сдзурай, уæд дæм æнæхъæн бон кæсгæ дæр нæ бакæндзæн, сæргуыбырæй хъуамæ хыбар-хыбур кæна»! Сослан Мадинæйы хъæр куы фехъуыста: «рахиз уал, Сосик!», уæд «ныртæккæ фæцæуын» - фæкодта, фæлæ иу уысм алæууыд, йæ сæр батылдта æмæ йæ мидбыл бахудт: «Йе ’взонджы бонтæ æрымысыд»... бахызти мидæмæ. Ус афтæ райдзаст, хъæлдзæг-
хуызæй архайдта, цыма цытджын уазджытыл æмбæлд æмæ цыхуыздæр æрхæсса фынгмæ, ууыл архайдта. Æрбадти Сослан фынджы цур æмæ касти Мадинæмæ. Рæсугъд уыд, цыма чызгæй цы уыд, уымæй ноджы рæсугъддæр. Йæ хæдзарон дзаумæттæ дæр фидыцджын, æниу Мадинæ хæдзары дæр алыхатт хæрзконд дардта йæхи, æнæитувæрд къаба никуы скодтаид æмæ йыл цы нæ фидыдта, ахæм дзаума дæр нæ дардта. Ууыл бинонтæ дæр æмæ хъæубæстæ дæр ахуыр уыдысты - «горæты хъомыл уæддæр æндæр у», афтæ хъуыды кодтой иууылдæр æмæ дзы фылдæр ар- гъуц кодтой. Фæлæ абон уæддæр бæрæг хицæн кодта Мадинæ- йæн йæ бакаст, йæ фезмæлд. Йæ рæсугъд цæсгом афтæ райдзаст уыд, йæ цæстытæ ахæм æрттывд кодтой, цыма æнæмигъ цъæх арвыл хур худгæ каст æнæхъæн дунемæ. - Гъа, æз цæттæ дæн, ды ма цы рауай-бауай кæныс, дæ фынг абон дзаджджындæр куы рауад, цы ма агурыс? - хъæлдзæгæй йын загъта лæг. - Дзаджджын фынг сихорыл уыдзæн, мæнæ уал хæбизджын- тæ ракæнон. Карк дæр аргæвд, абон Майрæмыкуадзæн кæй у, уый дæ ферох? - бахудти йæм Мадинæ. - Карк нæ, кæд дæ фæнды род дæр æрбаргæвддзынæн, ды зæгъгæ кæн, уый йеддæмæ. Кувгæ нæ кæнæм, нуæзт куынæ уы- нын дæ фынгыл? - мидбылхудгæ йæм скаст æмæ та йæ зæрдæ- йы цыдæр дызæрдыджы хъуыды ферттывта: ай абон цы кодта, йæ цæсгом ныххудынæввонг куы у уæд цы ссардта? - Нуæзт дæр ныртæккæ. - æмæ скъаппæй чысыл цъиудзых дурын райста, дыууæ агуывзæ дæр æрæвæрдта. - Уæдæ нæ Хуыцауы æмæ абоны хорзæх уæд, - арахъхъы иу схæстæн анызта æмæ хæрынмæ ’рæвнæлдта Сослан. Мадинæ та - нуазгæ никуы кодта, фæлæ ацы хатт йæхицæн дæр æркодта арахъхъ æмæ скуывта: «Хуыцау не ’ххуысгæнæг у, Мадымайрæм, дæ бон у æмæ нæ дæ сыгъдæг уды фарнæй фæрнджын фæкæн, - агуывзæ Сосланмæ радта: -Нуазгæ та йæ ды акæн мæ бæсты. - Нуазæны кадæн дæ кад, - ахынджылæг дзы кодта Сослан. - Нуазæн у, цы у, ныр æй фæстæмæ дурыны нал ауадздзынæн. Хуыздæр дын у, баназай йæ, - худгæ йын агуывзæйыл йæ размæ бахæцыд Мадинæ. - Уæд дзы æртыккаг дæр хъæудзæн баназын, дыууæйыл рæгъ фæуын нæ фæччы. Бамбæрстай?
Афтæ хъæлдзæг ныхæстимæ адджынæн хордтой сæ райсомы аходæн ус æмæ лæг. Алыхатт дæр сæ ныхас кæрæдзийыл бадти, фæлæ абон сæ дыууæ дæр хатыдысты - дзургæ иу кодтой, сæ мидзæрдæты та æндæр цæуылдæр хъуыдытæ кодтой. Сосланы уыцы рæвдаугæ бадзырд - «Сосик» дызæрдыджы æппæрста: «Цыдæр зæгъын æй фæнды, цыдæр æхсызгон хабар æм ис. Цæмæн ма йыл фæстæмæ хæцы? Фенæм, кæдмæ бауы- дзæн йæ басусæг кæнын дæ бон», - йæхимид ыл сывæллонау худ- ти, æмæ-иу æм хæргæ-хæрын йе ’рфгуыты бынæй хинæйдзаг каст скодта. Уый та - Мадинæ, цыма никуы æмæ ницы, цæуыл- дæрты дзырдта, йæ былалгъыл-иу цы æрбабадт, уыдæттæ дзырд- та æмæ ноджы тынгдæр зынд йæ æцæг хъуыды йæ цæсгомыл, йæ алы фезмæлды зынд æмæ йыл комдзогæй цыд. - Цæй, æз мæ хыссæйы кой бакæнон, ды та кæрчытæй иу ра- цахс æмæ йæ æрбаргæвд, - загъта йын ус, хæрд куы фесты, уæд. - Ахсгæ дæхæдæг æркæн, стæй ма даутæ кæнай - уый æфтау- гæ кодта, уый нæ хъуыд æргæвдын, - йæ хынджылæг дарддæр кодта Сослан æмæ ма йæ фæзмгæ дæр акодта - мæтгæнæг хуыз куыд равдыстаид йе ’фсин. Сæ дыууæ дæр хъæрæй ныххудтысты, афтæ сæм Къатин дзургæ асиныл схызт: - Æддæмæ-ма ракæсут, адæм, æддæмæ! - Рахиз мидæмæ, Къатин, æддæмæ нæм цæмæ дзурыс!- йæ размæ ахызт Мадинæ, - рацу немæ ацаход исты. - Цæй хæрын ма мæ æндавы. Диссæгтæ федтон ацы тæккæ, диссæгтæ! Къатин алцæмæ цыбæлхуызæй кæй каст æмæ сывæллонау алцæуыл дис кæй кодта, ууыл ахуыр уыдысты, - сæ тæккæ цур царди æмæ йæм Сослан мидбылхудгæ бакаст. - Цы та федтай ахæмæй, радзур-ма йæ. - Кæрты марзтон æмæ мыл машинæйы уынæр ссыди. Сцин кодтон, æвæццæгæн, мæ лæппу сывæллæтты ракодта, зæгъын, æмæ йæ размæ ахизон. Уæдмæ машинæ мæ кæрты ’рдæм нæ, фæ- лæ аргъуаны цур баурæдта. Дыууæ чызгæй рахызтысты, иуæн иæ къухы дæргъæццон къалати, афтæмæй аргъуанмæ бахыз- ти, иннæ иæм æддейæ лæууыд. Чи бахызти, уый дæр иу чысыл фæстæ фæстæмæ рацыд, фæлæ йæ къухы къалати нал уыд. Сæ дыууæ дæр тагъд-тагъд бауадысты машинæмæ, бабадтысты
æмæ уым уæлæмæ аскъæрдтой. Аракæс-бакæс кодтон, ничи ра- зынд сыхæгтæй, бахизон, зæгъын, æмæ куыддæр иунæгæй нал бауæндыдтæн. Цы ныууагътой, цæмæн афтæ æвиппайды фæ- тары сты, и?.. - Абон бæрæгбон куы у, Къатин, ферох дæ ис? Чидæртæ ку- винæгтæ бахастаиккой, - загъта йын Мадинæ. - Æмæ кæд кувинæгтæ бахастой, уæд дзы искæмæн ма хъуа- мæ акувын кодтаиккой? Нæй, Мадинæ, ам цыдæр хабар ис, цом- ма, дæ низтæ, - лæгъстæгæнгæ та загъта ус. - Цом, æз, æнæуыйдæр, бацæудзынæн, цырæгътæ ссудздзынмæ. Æмæ сæ дыууæ дæр рацыдысты. Сослан ницыуал загъта, сæ фæстæ тыргъмæ рахызт æмæ сæ фæдыл акаст, куыд цырд фæцæйцыд Къатин, размæ агуыбыр, афтæмæй. «зæронд æры- мысæгæн цы загъдæуа, иунæгæй баззади æмæ йын æндæр куыст ницыуал ис, куыддæр æрбабон вæййы, афтæ рахизы æмæ ракæс-бакæс кæны, дæлæмæ цæуæг, уæлæмæ цæуæг ын нæ аирвæздзæн», - сæ фæстæ кæсгæ хъуыды кодта Сослан. Уæдмæ устытæ бахæццæ сты аргъуанмæ. Мидæмæ нæма бахызтысты, афтæ сæ хъустыл ауад... сывæллоны кæуын. Мадинæ йæ бынаты андзыгау. Зæрдæ хъуырмæ схæццæ - «ды- соны хъæлæс... дысон дæр афтæ куыдта», - æмæ цыма йæ буа- рыл цыдæр æртыхсти, сбаста йын йæ уæнгтæ æмæ йæ фезмæлын нал уадзы. Къатин та бынтон сæргъуыйау, куы аргъуаны гом дуæрттæм бакæсы, куы - Мадинæйы фæлурс цæсгоммæ. Стæй йæ тасыл йæ цыбæлдзинад фæтых æмæ мидæмæ бацыд. Цырæгъ- тæ-иу цæуыл бафидар кодтой, уыцы дурыл æртæ цырагъ нырма кæронмæ нæ басыгъдысты, афтæмæй пæрт-пæрт кодтой æмæ сæ цуры æвæрд къалатимæ рухс дардтой. Къалатийы та ноггуырд саби тыхтæй куыдта, фæллад, фæсус хъæлæсæй куыдта. Зæронд ус фæстæмæ фездæхт, «диссæгтæ, диссæгтæ», хъæр- гæнгæ, Мадинæйы цонгыл фæхæцыд æмæ йæ мидæмæ ласæгау бакодта. Ус куыддæр æркаст сабимæ, афтæ цыма йæ уæнгтæ феуæгъд сты, зæрдæ суынгæг æмæ сæрдиаг кодта, йæ дзыхы- дзаг сæрдиаг кодта. Цы уыд ай - фырцин, фыртыхст - ницыуал æмбæрста: æргуыбыр кодта, афтæ, къухтæ сæхигъæдæй арæхст- гай сæ куыст кодтой - систой къалатийæ кæугæ сывæллоны. Æмæ йæ Мадинæ йæ хъæбысы ныттыхта...
* * * Фыццаг бонты Сослан афтæ тыхсти, æмæ дзурын дæр нал арæхсти. Иудадзыг йæхи раппар-баппар кодта, куы - кæрты, куы - цæхæрадоны, цыма цыдæр архайдта, афтæмæй йæ къухæй ницыуал цыд. Хатт-иу хъуыдыты афтæ аныгъуылд æмæ-иу æм Мадинæ куы радзырдта - рахиз-ма, Сосикъ, мидæмæ, уæд-иу схъиуæгау фæкодта. Иугæндзон æй дызæрдыджы æнкъарæн æхсыдта, сбаста йæ æмæ йын æнцой нал лæвæрдта. Цас фылдæр архайдта, ма йыл хъуыды кæна, уыйас ноджы зæрдæ фыддæр кодта. Сабийы скæуын ын-иу иуæрдыгæй цыма æхсызгоны зæ- лау сæмбæлд йæ зæрдæйыл, иннæрдыгæй та-иу æй цыдæр рис- саг æлхыскъ фæкодта. Мадинæйы райгæ, цинæйдзаг цæсгоммæ бакæсын дæр æм нал цыд. Æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл худт. «Мæнæн мæ бон нæ баци, циндзинад ын банкъарын кодтаин. Ныр гъеуал азы иумæ цæрæм æмæ йæ афтæ райгæ никуы-ма федтон. Куыд нæ райа, нæ хæдзарæй сабийы кæуын айхъуыст! Æмæ цы код- тай мæнæуи? Хуыцау дын ахæм зæды хуызæн, сыгъдæгзæрдæ адæймаг схай кодта цардæмбалæн, ды та, сылгоймаг цæмæй сылгоймаг у, уый йын банкъарын кодтаис, уый дæ бон нæ баци. Ныр та йыл дызæрдыджытæ кæныс, дæ бæсты та Хуыцау бацар- хайдта æмæ бузныджы бæсты... Дызæрдыг, нæй, дызæрдыг та куыд. Уымæй йыл мæ зæрдæ никуы бахудт, никуы. Фæлæ мæ цæ- мæн æмбæхста, мæ сусæгæй бадзырдта, æвæццæгæн, искæимæ. Æндæрауыцы Майрæмыкуадзæны райсомæй, сывæллоны цалын- мæ ссардтой Къатинимæ аргъуаны, уæдмæ цæмæн афтæ цин кодта развæлгъау! Зыдта йæ, кæимæдæр бадзырдта æмæ йын æй уыцы райсом æрхастой. Уымæн нал фæрæзта йæ цин бамбæх- сын. Чи зоны, ацы зæронды зонд дæр дзы ис? Чи зоны, йæ лæппу дæр æй æрхаста уыцы райсом, уæдæ цы дæрдтыл кодта йæ кой: «хъуамæ сывæллон æркодтаид...». Къатиныл баууæндыдтæ, мæхи Мадинæ, æмæ мæныл нал, и? æмæ æз уыцы хъуыддагыл æнæразы куыникуы уыдтæн. Темболы сывæллæттæй искæуыл уымæн не сразы дæн, цæмæй кæрæдзи мидæг ма суыдаиккам мæ иунæг æфсымæримæ. Уыдон, æнæуыйдæр, мæ туг, ме стæг сты, цы мæ бон у, уымæй мæхиуыл фæстæмæ куыникуы фæхæцыд- тæн æххуыс кæнынæн. Фæлæ дæ кæд æнæзонгæ, дæрддаг ис- кæйы схъомыл кæнын фæндыди, уæд æй мæ сусæгæй цæмæн аскъуыддзаг кодтай? Æз дын «нæ» загътаин?».
Стæй-иу йæхимæ фæбыцæу; йæ зæрдæйы æрфытæм-иу хъав- гæ ныккасти æмæ йæхи цæмæй сраст кодтаид, уыцы рахæцæн агуырдта. «Цыма йын сразы уыдаин? Искæйы сывæллон мæхи схуыдтаин, мæ уд, мæ зонд, мæ зæрдæ йæ хихъæбулау айста- ид? Цæмæннæ? Уæдæ ныр цы кæныс? Цæмæн ыл тигъ кæныс дæхи? Цы дзы дæхи рамбæхс-бамбæхс кæныс? Цы рахондзынæ дæ абоны ахаст кæнæ Мадинæмæ, кæнæ кæйдæр æнæаххосджын сабимæ? «Кæйдæр саби» ... 0, кæйдæр саби у æмæ æнæаххосджын у. Фæлæ чи у аххосджын? Ныр æй чидæр аргъуаны ныууагъта. Уый тыххæй афтæ хъуамæ хъуыды кæнон æмæ мын æй Хуыцау уæларвæй æрæппæрста? Нæй, Мадинæ æнæ мæн бафæрсгæйæ аскъуыддзаг кодта йæхицæн сывæллон самал кæнын æмæ йæ бæллиц сæххæст кодта. Æмæ, чи зоны, раст у, чи зоны, уый растдæр бакодта? Мæнæн ын ницы мæ бон у, уæд йæхицæн, йæ удæн йæхæдæг ссардта хос... ссардта æмæ ныр райы. Ничи æмæ йæ ницыуал æндавы - æхсæвæй, бонæй ма æрмæст уыцы саби у йæ аудинаг. Ам ма дзы кæнæ лæг ис, кæнæ хæдзар, æндæр исты кусинаг, уый йæм нал хауы... Ныр цæуылты хъуыды кæнын? Хæрдцух мæ уадзы æви æх- садцух? Ныхы сæрыйас сабийы фæдыл у дæ дызæрдыгдзинад? Мæнæуый, нæу дын уый сæрмæбахæссинаг хъуыды», йæхи æр- цахста Сослан, йæхимæ æрцыд æмæ азымджынæй фæхатыд йæхи. Стæй амæйразмæйы хабар ауади йæ цæстыл - Мадинæ йæм цингæнгæ куы фæдзырдта: - Сосикъ, рауай-ма, рауай, мæ- нæ диссаг! Æмæ йæм куы бацыд, уæд усæн сывæллон йæ хъæ- бысы, йæ дзидзи йын йæ дзыхæй фелвæста, къухæй йæ ралæ- мæрста æмæ Сослан йæ цæстытыл нæ баууæндыди, æввахс дæр æм бакъахдзæф кодта æмæ æцæгæй дæр йæ дыууæ æнгуылдзы æхсæн бакæнгæ дзидзийы къоппайæ урс-урсид æндахы хуы- зæнæй ралæдæрсти æхсыр... Мадинæ, сывæллоны куы æрбакодтой, уыцы бонæй фæстæ- мæ ныр дыууæ мæйæ фылдæр рацыд æмæ йын хъуджы æхсыр донимæ хæццæйæ дардта. Фæлæ йæ иугæндзон йæ тарыл ауыгъ- дæй хаста æмæ йын йæ дзидзи дæр йæ дзыхы дардта сайæгой цъирæнау. Уый уыди усæн йæ царды мидæг се ’гасæй адджын- дæр, се ’гасæй зынаргъдæр, æвзагæй зæгъæн цæмæн нæй, ахæм æхцондзинад дæттæг æнкъарæн. Ныр уал азы дæргъы цæмæ
бæллыд, уыцы æнкъарæн бавзарын ын стыр Хуыцау балæвар кодта æмæ дзы иу уысмы бæрц дæр фæиппæрд уыдаид, уый йæ бон нал уыд. Æмæ цъырдта цъирæны бæсты ноггуырд æцæг дзидзийы, цъырдта, цалынмæ Мадинæйы уыцы расыггæнаг ад- джын уавæр, лæг фынæйæ куыд райхъал вæййы, афтæ нæ рай- хъал кодта. Сослан фырдисæй йæхимæ нæма æрцыд, афтæ та Къатин æрбауад. Зæронд ус сывæллоны ссарыны фæстæ бон фараст хатты хъуамæ æрбацыдаид. Йæ хæдзары йын ницыуал ад код- та; æрмæст ма Мадинæйæн цы аххуыс кодтаид, ууыл уыд. Афтæ джихæй сæ куы æрбаййæфта, уæд хъуыддаг цæй мидæг уыди, уый йын загъта Мадинæ æмæ Къатин æппындæр нæ бадис кодта. - Æз афтæ дæр зыдтон, - цыма никуы æмæ ницы, ахæм хуызы загъта зæронд ус æмæ сын радзырдта: - Чызгæй хъуыды кæнын, мæ цæгаты æрцыд ахæм хабар. Нæ сыхæгты чындз, мæгуыр, аргæ-арын фæзиан æмæ ноггуыр- ды æфсин хъомыл кодта. Уый та йын сæгъы æхсыр дардта, уæд афтæ нымадтой, сæгъы æхсыр, дам, хуыздæр у сывæллонæн. Чы- сыл сыкъайы бырынкъ лыстæг ахуынкъ кодтой æмæ уырдыгæй дадта саби, фæлæ-иу æгæр куы куыдта, æвæццæгæн-иу сы- къайы хъæбæр бырынкъæй йæ мылытæ срыстысты, уæд ын-иу ус йæ дзидзи радта æмæ-иу уæд банцад сывæллон. Афтæмæй иу- цалдæр къуырийы фæстæ ус æхсыр æруагъта. Сослан æдзæмæй хъуыста Къатины ныхæстæм æмæ цы загъ- таид, уый нал зыдта. Алцы йæм цыдæргъуызон фыныфенæгау касти. Баууæндæн кæуыл нæй, ахæм хабæртты ахæсты бахауд æмæ та йæхи дуармæ айста. Сылгоймæгтæ сæ ныхас кодтой, сывæллонимæ архайдтой æмæ Сослан куыд ахызти хæдзарæй, уый хатгæ дæр нæ фæкодтой. Уый та - Сослан, йæ дызæрдыджы! йæ тухитæй марæг хъуыдытимæ цыдæртæ архайдта кæрты: «Ныр Мадинæ йæхи æхсырæй хъомыл кæндзæн сывæллоны. Уымæн бар ис, зæгъа, мæ хъæбул у мæхи æхсырæй хаст хъæбул. Чи йын цы хъомыл уыдзæн исты йæм сдзура, исты йын йæ цæстмæ бадара? Ничи... Æз та?.. Чи уыдзынæн ацы лæппуйæн, куы сырæза, уæд? Куы слæг уа, уæд? Куыд мæ хондзæн, цы номæй æрбадзурдзæн мæнмæ? - «0, баба», зæгъгæ? Æниу махмæ, Ирыстоны, сывæллæттæ сæ фыд-
мæ хисæрмагонд номæй фæдзурынц фылдæр. Æмæ уый, чи зо- ны, æцæгæйдæр хорз æгъдау у?!. Мадинæмæ та «гыцци, гыцци» хъæр кæндзæн, уæдæ куыд?! Хисæрмагонд æхсырæй хъомыл саби йæм уæдæ куыд хъуамæ дзура... Йæхи гыцци у... Æмæ искуы йæ æцæг гыцци куы фæзына?...». Мадинæ фыццаг бонты уыцы æнæнхъæлæджы цинæй расы- джы хуызæн уыд æмæ йæм афтæ касти, цыма, æнæхъæн дуне, хионæй, æддагонæй, иууылдæр йæ цинæй радысты. Йæхицæн бынат нал ардта, бон цалдæр хатты райхæлдтаид сывæллонæн йæ тыхтытæ, хъуыди - нæ хъуыди, уæддæр йын сæ ивта. Кæд хæдзары ничи уыд, уæд-иу йæ тар байгом кодта æмæ йæ дзидзи сывæллонæн йæ дзыхы тъыста. Æмæ-иу саби йæ чысыл былтæй цъирын куы райдыдта, уæд-иу усæн йæ буар уыцы æхсызгоны дыз-дыз райдыдта. Сослан сывæллонæй йæхи дард кæй ласта, уый йæм уыцы фыццаг бонты хорз дæр касти - нæ йæ хъыг- дардта, куыд æй фæндыд, сывæллонимæ афтæ архайдтаид. Цæй тыххæй йæхи хызта йæ удыхай сабийæ, ууыл ахъуыды кæнын- мæ йæ не ’вдæлди. Æрмæст æй ныууагътаиккой, иунæгæй йæ ны- ууагътаиккой сывæллонимæ, æндæр æй ницыуал æмæ ничиуал хъуыди. Фæлæ бонтæ ивгъуыдтой, адæм сæм афтæ арæх нал цыды- сты, цы æрцæуы, ууыл тагъд ацахуыр вæййынц æмæ йæ рох дæр фæкæнынц. Кæд цымыдис кодтой, кæй сывæллон уыдзæн, чи сæм æй æрхаста, хæсгæ та йæ ацы æнæзонгæ бинонтæм кæй æрхастой, ууыл нæ дызæрдыг кодтой - уæдæ йæ æндæр ран цæ- мæннæ ’рæвæрдтой, кæнæ йæ искæй кæрты цæмæннæ ныууагъ- той, уæддæр сæ айрох ис. Æнхъæлмæ кастысты иу мæй, дыууæ æмæ сæ стæй сæхи аудинæгтæ, сæхи хъуыддæгтæ уыди алкæ- мæн дæр æмæ уыцы цауы кой ничиуал кодта. Мадинæ та куыдфæстагмæ йæхимæ æрцыд, йæхи æрæмбæрс- та æмæ ныр лæмбынæг ахъуыды кодта æрцæугæ хабæрттыл. Кæд нырмæ афтæ хъуыды кодта - мæ зæрдæбынæй куывдты- тæ, мæ лæгъстæтæ фехъуыстысты стыр Хуыцаумæ, батæригъæд мын кодта Мадымайрæм дæр æмæ мын радтой, мæ уд цæуыл тайы, ахæм ныфс - саби, уæд ныр йæ расыггæнæг æнкъарæнтæ куы фæсыккдæр сты, уæд ал цæуыл йæ цæст ахаста, арфдæр ныхъ- хъуыды кодта уавæрыл æмæ, тæразыл барæгау, сбарста алцы.
Уыцы бонты æрцæугæ нывтæ куыд йæ бон баци, афтæ фæмысыд, чысылгай алцы йæ цæстыты раз раудæгас, лыстæг сæм нык- каст æмæ ирдæй суыдта йæ сыхаг устыты дызæрдыгæвдисæг цæсгæмттæ, сæ сæртæ цасдæр æнæрайы тылд куыд кодтой, уыдæттæ. Тембол æмæ Анусийыл дæр схæцыд йæ цæст - Тембол райгæ цæсгомæй, цинæй æрттивгæ цæстытимæ лæууыд Сос- ланы цур æмæ хъæлдзæгæй дзырдта: - Цæринаг уын уæд уæ чысыл, цæринаг. Ануси та йæ æнæрайдзинад тыхамæлттæй æмбæхсгæ хъæ- рæй загъта: - Авды хистæр уын уæд уæ лæппу, авды! Мадинæ уыцы ныхæсты дæлгоммæ хъуыды еныр бамбæрста, уæд сыл хъуыды дæр нæ акодта. Фæлæ хорз зыдта Анусийы удысконд æмæ йæ зæрдæ фæрыст: «Мæнмæ хæрамæй никуы ссæрибар уыдзынæ, мæ иунæг файнуст. Цы дын ракодтон хор- зæй дарддæр? Æз дæм хойы зæрдæ дарын, ды та мын мæ лæг- гæдтыл алы хатт цъæмæлтæ калдтай. «Авды хистæр, дам, уæд уæ лæппу» - ам дæр та мæ фелхыскъ кодтай, мæ цин мын цæ- мæй фенад кодтаис, ахæм ныхас мыл нытътъæпп кодтай. Ома, иу кæм ныййардтай, уым ма авд дæр ныййардзынæ»... Махæн ацы иу дæр фаг у, дæуæн та де цыппары дæр Хуыцау даргъ, уæрæх ауадзæд, æз сæ сыгъдæг зæрдæйæ уарзын æмæ мын алы хатт дæр ныфс уыдзысты». Стæй Сосланы уæды ахаст дæр ирдæй суыдта - уыцы ах- хосджыны лæуд кодта, цыма искæмæй исты радавта, кæнæ раз- наггад кодта; цыдæр тæригъæддаг цæстытæй ракæс-бакæс код- та адæммæ. Цыма сæ тарсти. Цæмæй тарсти? Æмæ æнæнхъæ- лæджы ныр куыддæр йæхæдæг дæр старсти... Цæмæн? Ома сабийы йæ хицау куы æрцагура?! Куы йын æй байса... Кæд ын хицау ис, уæд ныр æртæ мæй рацыд æмæ кæм и?.. Æвиппайды сабийæн йæ цонджы хъулыл цы лыстæг тæлм- гонд баст уыд æдфыст - «Абаишвили Тамаз Тамазы фырт, 15/ VIII». - уый йæ зæрдыл æрбалæууыд. Сонтау фæзылд, пысулты скъапмæ бауади, йæ редикъюлы райста æмæ дзы уыцы чысыл бæрæггæнæн гæппæл ацагуырдта. Систа йæ, æркасти та йæм: ««Абаишвили Тамази». Нæй! Ды Батрадз дæ! Мæхи Батик дæ», - афтæ фидарæй, мæстыгъуызæй загъта, цыма йæм исчи ныхæй-
ныхмæ ныллæууыд æмæ йын æй иста, йæ къухтæй йын æй рæ- дывта. Уыцы лыстæг тæлмгонд дæр ын цыма йæ æнгуылдзтæ сыгъта, æрбаууæрста йæ йæ армы дзыхъхъы æмæ йæ арты бап- пæрста. «Афтæ! Цæмæн æй æвæрдтон нырмæ дæр! Ницæмæн хъæуы. Уый та, дам, цæй Тамази у. Мæхи Батик у æмæ фæци!». Уыцы тæккæ йæм Сослан куы бакастаид, уæд æй нал базыд- таид - хæстæввонгæй лæугæ цæсгомимæ æппындæр нал уыд фæлмæнтæ, рæвдауæг Мадинæйы хуызæн... Йæ пырх чысылгай суагъта, æрсабыр æмæ йæхимид ахъуы- ды кодта: «Цæй, авдæны хæцъилтæ уал ахсон, цалынмæ Батик фынæй кæны», æмæ тыргъмæ ахызт. Ахсадта хæцъилтæ æмæ сæ бæндæныл куыд ауыгъта, афтæ йæм æмбонды сæрты Къатин йæ сæр æрбадардта æмæ йын афтæ: - Мади, Дуду, дам, æрцыди, фехъуыстай йæ? - На. Ницы фехъуыстон, - цыдæр уазал хъæлæсыуагæй йын сдзуапп кодта. Иæхæдæг дæр ын ницы бамбæрста, цæмæн афтæ æнæзæрдæмæдзæугæ æнкъарæн æртыхст йæ уæнгтыл. Уæдмæ Къатин кæртмæ æрбахызт æмæ лæмбынæг радзырд- та ног хабар: дысон изæр, дам, Бецъатыл стыр цины хабар сæм- бæлд, сæ рæсугъд Дуду, фарон кæимæдæр чи ахъуызыд, уый ныр йæхæдæг æрцыд хæдзармæ. - Иунæгæй? - афтæ, исты зæгъыны æфсонæй бафарста Ма- динæ. - Афтæ дзурынц, иунæгæй, дам. Æвæццæгæн, лæппу йæ ныфс нæ бахаста, йемæ æрбацыдаид. Мæ райсомы куыстытæ акодтон æмæ, зæгъын, бауайон сæм, фенон уыцы мæлинаджы. - Бауай, бауай, Къатин, - загъта та Мадинæ æмæ куыддæр йæ зæрдæ йæхиуыл бахудти - иу мур циндзинад дæр нæ фæхатыд ацы æнæнхъæлæджы хорз хабарæй. Цыма æнæзонгæ чидæр уыд, афтæ йæм нæ бахъардта. Стæй йæ хъустыл сывæллоны кæуын ауади æмæ йæ æнæзæрдæмæдзæугæ хъуыдытæ фескъуыдыс- ты, цæрдæг фездæхт хæдзармæ: «Мæнæ дæн, мæнæ, мæ зæрдæ! Ма ку, ма ку! Сæххормаг дæ, нæ?», - хъæлдзæгæй бауад хæдзармæ, райхæлдта авдæны бæттæнтæ, систа хыссæйы тулайы хуызæн нарст лæппуйы, æрбадти диваныл æмæ йын дзидзи радта. Зыдæй дадта саби дзидзи æмæ, Хуыцау, не скæнæг, сылгойма- гæн алы маст, фыдæбон схай кодтай, фæлæ йын иу хорзæх, зæх- хылсе ’гасæй стырдæр хорзæх радтай æмæ цыфæнды æнæрайæ
дæр хъастгæнæн нæй! Царддæттæджы сыгъдæг хæс сæвæрдтай сылгоймаджы уæхсчытыл, ног цард апарахаткæныны бæрнон хæс а зæххыл, æмæ кæд тынг зын у, вазыгджын у, уæддæр æй фæ- разы. Фæразы йæ, уымæн æмæ цас уæззаудæр у, уыйас адджын- дæр, æхцондæр у уыцы уаргъ хæссын. Æмæ йæ æхцонæй æххæст кæн’ы, ницæмæуал дары йæ фыдæбæттæ, зындзинæдтæ. Мадинæ райгæ касти, куыд зæрдиагæй ын цъырдта лæппу йæ риуæй æхсыр æмæ йæхи афтæ æнкъардта, цыма хъарм доны ленк кодта. Бафсæст чысыл æмæ суагъта дзидзи, худæнбылæй райдыдта дыгъал-дыгъул, йæ чысыл къухтæ ныдзæвдысты усы риуыл æмæ уый дæр лæгъзытæгæнгæ дзырдта йемæ: - Цæй, ныр та æддæмæ, уæлдæфмæ ахизæм, мæ зæрдæ, хур дæр дыл ацинтæ кæна, йæ сыгъзæрин тынтæй демæ ахъаза æмæ мын тагъддæр байрæзай, - афтæ дзургæ йæ æрбаййæфта Сослан. - Ой, мæнæ куыд йæ тæккæ афоныл фæзындтæ, Сосик, - ныр та лæгыл бацинтæ кодта Мадинæ æмæ йæм бахудти. Сослан цыдæр дисхуызæй бакасти Мадинæйы æрттивгæ цæс- тытæм æмæ йæ цалынмæ фарстаид, цæй мидæг ис хъуыддаг, зæгъгæ, уæдмæ йæм уый сывæллоны бадардта: - Гъа-ма, фæхæц-ма йыл иу чысыл. Сослан æнæрхъуыдыйæ бадаргъ кодта йæ къухтæ æмæ рай- ста сывæллоны. Мадинæ йæ фæхатыд, лæг цы аразы, ууыл нæ ахъуыды кодта æмæ цалынмæ уый йæхи æрæмбæрстаид, уæдмæ феддæдуар и йæхæдæг. «Ныр цы тухитæ кæны йæхицæн, цыма йæ не ’мбарын куыд тынг æй фæнды баузæла сывæллоныл. Гор- мон фæуай, - йæхинымæр ын уайдзæфтæ кодта, - кæмæй æф- сæрмы кæныс, нæхи йеддæмæ нæм чи ис, стæйдæр, уыцы рæс- тæджытæ раджы куы ацыдысты - нæлгоймаг сывæллонмæ куы ма хъуамæ бавнæлдтаид, уæд цавæр у, кæдмæ афтæ дæ хъиутæ хæрдзынæ! На мæ Темболы сывæллæттæ иугæндзон дæ хъуы- рыл ауыгъд куы уыдысты, уæд дын æй Хуыцау балæвар кодта æмæ йыл хæц, лæг куы дæ, уарзæгой зæрдæйы хицау!», - æмæ иу уысм тæрсгæ дæр фæкодта - уæдта ма ... Кæд та мæм фæхыг и æмæ мын исты ахæм загъта... Сослан та лаеууыд уаты астæу джихæй. Лæууыд æмæ фыны хуызæн касти, йæ къухты ’хсæн куыд хъыллистытæ кодта сы- вæллон æмæ йæ зæрдæ уыцы æхсызгон дзинг-дзинг кодта. Лæу- уыд æнæзмæлгæ, цыма тарсти, иуæрдæм куы азилон, уæд ма
атæха мæ къухтæй. Нæ йæ хатыд, куыд æй æлхъывта йæ риумæ, куыд æркъул йæ сæр, баввахс сывæллоны гуырмæ. Æмæ уыцы расыггæнæг тæф, сабийы буары адджын тæф ын йæ æмбудæнтæ æхцон хъыдзы кодтой. Къухы чысыл æнгуылдзтæ йæ роцъойыл ныдзæвдысты æмæ лæг йæ алыварс ницыуал æмæ никæйуал уыдта. Йæ русмæ баввахс кодта сывæллоны сæр æмæ йын хъуамæ аба кодтаид, афтæ Мадинæ дæр æд аг æрбахызт. Ахæм хуызы куы ауыдта йæ удыхайы, уæд аг йæ къухæй æрхауд, балыгъд сæм æмæ йæ дыууæ цонгæй йæ риумæ ныттыхта сæ дыууæйы дæр æмæ фырцинæй ныххудти, йæ зæрдæйыдзаг ныххудти. 2 Поезд анкъуыст, нырма цадæггай, стæй станцæйæ йæ фæстаг вагон дæр куы айста йæхи, уæд дымгæ фæстейæ баззад, адæм дæр æрсабыр сты. Фыццаг схизгæйæ куыд вæййы, афтæ дзол- гъо-молгъо кодтой, чи сæ фæндараст кодта, уыдоны хъæлæба дæр уым вагзалы баззад. Ныр, сæ бынæтты бадгæ, бæлццæттæ кæрæдзи цæстæй барстой, аивæй кастысты æввахс бадджытæм æмæ сныхас кæныны алфæн агуырдтой. Уый бандоны кæрон вагоны къулыл йæ уæхскæй банцой код- та, афтæмæй фæрссагæй æддæмæ касти. Цыма йæ алыварс æп- пындæр ничи уыд, никæй уыдта æмæ ницы хъуыста. Йæ магъз æрхæндæг хъуыдыты хыз быдта æмæ, кæд хъуыдытæ дардыл уыдысты - уартæ йæ сабион бонтæй абоны онг - уæддæр нывтæ цæстыфæныкъуылдæй тагъддæр ивтой кæрæдзи, нырма-иу дзы иу кæронмæ нæ ахæццæ, афтæ-иу иннæ ферттывта цæстыты раз æмæ йæ царды уыцы скъуыддзæгтæй чи куыд цинæйдзаг кæнæ мæстæйдзаг уыди, йæ цæсгомы хуыз дæр уымæ гæсгæ ивта: куы-иу айтынг æмæ-иу уæд йæ рæсугъд цæстытæй цыма хуры хъарм раивылд йæ буарыл, ахæм æхцондзинады æнкъарæнты- иу аныгъуылд; куы та-иу æрфгуытæ фелхынцъ сты æмæ-иу уæд зæ^здæ срыст, къуырма рыстæй срыст. Иæ разы бадæг ацæргæ ус æмæ лæг сабыр хъæлæсæй ныхас кодтой кæрæдзиимæ, фæлæ уымæ нæ хъуыстысты. Стæй кæд- дæр-кæддæр поезд йæхи бауыгъта æмæ æрлæууыд. Кæцыдæр станцæйы иутæ схызтысты, иннæтæ ахызтысты æмæ та вагон
хъæлæбайæ айдзаг. Чидæр йæ фарсмæ æрбадт, йе стыр хызынæй йын йæ уæраг æнæбары бакъуырдта, æмæ дзы хатыр куы ра- куырдта, уæд чызг цыма тар фынæйæ фехъал, ахæм фæрсæджы цæстæй йæм бакаст. Лæппу йæм йæ мидбылты бахудт - бахъыг дæ дардтон, загъта, æмæ уæд уый дæр æнæбары бакодта: - Ницы кæны... Уыцы ацæргæ ус æмæ лæг дæр цыма бацин кодтой чызгыл - рæвдаугæйæ йæм кастысты. Уый дæр сыл еныр ахаста йæ цæст. Нæлгоймаг зæрдæмæдзæугæ, урсхил, цыбырæлвыд, рихиджын. Йæ рахиз къухы æнгуылдзыл ставд сыгъзæрин къухдарæн, йæ уæрджытыл - газет. Сылгоймаг йæ рæстæджы, æвæццæгæн, рæсугъд уыдаид - даргъ цæсты хаутæ, фындзæй, былæй, цыма нывгæнæджы хъавгæ армæй арæзт у. Фэелæ урс-урсид цæсго- мы цъар лыстæг банцъылд æмæ бохъхъыр дæр æгæр æрзæбул, зынди йыл, æвзонгæй нарст рустæ æмæ дæллагхъуыртæй азтæ ныр сæ хъалон кæй ахастой. Сылгоймаг уæддæр нæ саст æмæ, чи зоны æвзонгæй цы бибитæ нæ дардта, уыдон дæр еныр æрца- уыгъта йæ хъустыл, йæ хъуырыл, йæ риуыл дæр стыр, сыгъзæрин риуæгънæгæй алмазтæ æрттывтой. Кæддæры даргъ, рæсугъд æнгуылдзтыл дæр зынаргъ дуртимæ къухдарæнтæ - цас хъуыд, уымæй фылдæр... Æмæ уыцы къухдарæнтæй иуыл - рахиз къу- хы астæуккаг æнгуылдзыл цы бæзджын сыгъзæрин къухдарæн уыд - ууыл чызджы цæстытæ цыма æндæдзгæ бачындысты, нал сæхицæн кодта... «Уый йæ чындздзон къухдарæн, нысайнаг... лæгыл дæр ахæм... цыма цал азы цæрынц иумæ?..». Æмæ ныр нæлгоймагмæ бакаст. Уый йæ галстук йæ хъуыры цур йæ рахиз къухæй феуæгъд код- та æмæ та йæ сыгъзæрин къухдарæны æрттывд чызджы цæсты- тыл аныдзæвд. Æмæ йæ хъусты азæлыд: «Æмзæронд баут!..», уый зæронд усы - Тамазы фыдыхойы хъæлæс уыд... - Кæй онг цæут, рæсугъд чызг? - хъæлдзæгæй йæм бадзырдта лæппу æмæ йæ хъуыды фескъуыд. Чызг æрбазылдта йæ бæрзæй æмæ загъта: - Агарайы æрхиздзынæн... Стæй лæппуйы цæсгоммæ куы скаст, уæд фæфæсмон код- та - цыдæр æнæфсармæй каст йæ хъоппæг цæстытæй - цы йæ хъуыддаг у, кæдæм цæуын... Хъуамæ та рудзынгæрдæм азылда- ид, фæлæ та йæ лæппу бафарста:
- Уырдыгæй та кæдæм? Раст æй зæгъ! - Никуыдæм! - ахæм хъæлæсæй йын баппæрста дзуапп, ома бирæ куынæ дзурис, уæд дын хуыздæр у, æмæ йæ сæр рудзынгæр- дæм азылдта. Лæппу уыцы ус æмæ лæгмæ фæрсæджы цæстæй бакаст. Уы- доны цæсгæмттыл та ахæм мидбылхудт хъазыд: «Ницы дын дзы рауади...». Къæбæда лæппу йæ уæхсчытæ базмæлын кодта, йæ былтæ æнæввæрсоны ивæзт акодта - нæ дæ фæнды - дæ бар дæхи... Чысыл фæстæдæр поезд æрлæууыд æмæ та лæппу йæхи нæ баурæдта: - Агара! - æмæ чызгмæ бакаст. Чызг сыстад, йæ хызын систа, йæ разы бадæг ус æмæ лæгæй хатыр ракуырдта æмæ сæ рæзты арæхстгай рахызт. Станцæйы дзæвгар адæм змæлыд. Йæ цæст сыл ахаста, зонгæ дæр дзы ничи разынд æмæ сæрибарæй сулæфыд: «Æппындæр мыл куыничи амбæлид, афтæ куы бахæццæ уаин хæдзармæ». Фæндагмæ рахызт æмæ бæлæсты аууæтты атагъд кодта. Бер- дзенаулы фæзилæнмæ куы бахæццæ, уæд æй уæзласæн хæдтул- гæ æрбаййæфта æмæ йæ тæккæ раз баурæдта. Шофыр кабинкæ- йы дуар байгом кодта æмæ йæм æрдзырдта: - Схиз, мæ чызг, ацы тæвды де знаг иуæрдæм кæны. Чызг æм скаст. Ацæргæ урссæр лæг æм аудгæ каст кодта. Йæ зæрдæйы цыдæр хъарм ныттагъд: «Бабайы хуызæн куыд у», - февзæрд йæ сæры - æмæ схызт кабинкæмæ, салам ын загъта æмæ йæ цуры æрбадт. - Кæцы хъæуккаг дæ, мæ чызг? - бафарста йæ шофыр. - Бредзайаг. - Уæд Абисы рахиздзынæ, æз Цънелисæрдæм цæуын, талк ласын. Бæргæ дæ кæронмæ баластаин, фæлæ мæ фæндаг ууыл- тыл нæу. - Бузныг, бузныг, цытæ дзурыс, уырдыгæй ма махмæ цас хъæуы, - ныфсджынæй загъта чызг. - Бредзайы мын бирæ зонгæтæ ис. Кæй чызг дæ ды та? - Тыбылты Къолайы. - Уæдæ Бецъайы фырт дæ фыд у? - хъæлдзæгæй загъта лæг. - Уый мæ хорз хæлар лæг куы у. Стыр зæрдиаг салам ын-иу зæгъ мæ номæй. Бекъойты Суликъо, зæгъ дæ, фæфарста.
Уæдмæ Абисмæ дæр æрбахæццæ хæдтулгæ æмæ йæ фæурæдта. - А, уæдæ, мæнæ сымахæрдæм фæндаг дæр, мæ дзæбæх чызг, - дуар ын бакодта лæг. - Бузныг, стыр бузныг, - загъта йын чызг æмæ рахызт. Иучысыл ауад хъæуæй, цæугæдон Пронейы хидыл ахызт æмæ сосæ фæндагыл ныллæууыд. Ацы фæндаг суанг Знауыры онг кæддæр асфальтгонд дæр уыд, фæлæ ныр ранæй-рæтты ас- фальт скалд æмæ уæрмытæ-уæрмытæй баззад, хæдтулгæ æмæ уæрдæттæн æндæр хуыздæр цæуæн нæ уыд æмæ сæ цыд кодтой. Фæндагæн йæ дыууæ фарс цы хъæутæ уыд - Абис, Пца, Тама- рашен, Бредза, Атоз - уым æрмæст астазон скъолатæ уыд. Ацы зылды æрмæст Авлевы уыд астæуккаг скъола æмæ уымæ гæсгæ ацы æввахс хъæуты сывæллæттæ сæ ахуыр адарддæр кæнынмæ Авлевмæ цыдысты. Афтæмæй фæсивæд кæрæдзи хорз зыдтой. Ацы хъæутæ кæд гуырдзиаг хъæутыл нымад уыдысты, уæддæр дзы ирæттæ дæр дзæвгар царди, фæлæ сæ фылдæр, рæстæг куыд цыд, афтæ се ’взаг рох кодтой. Цы адæмы хсæн цардысты, фылдæр уыдон æвзагыл дзырдтой æмæ афтæмæй сæхи æвзаг рохуаты зади. Уæлдайдæр та бинонты мад кæд гуырдзиаг уыд, ахæм цаутæ та æгæр бирæ дæр уыд, уæд мад сывæллæттæм гуыр- дзиагау дзырдтаид, æндæр æвзаг кæй нæ зыдта, уымæ гæсгæ, æмæ афтæмæй ирон лæджы цæуæт бар-æнæбары сæхи мадæлон æвзаг нал зыдтой. Уыимæ иумæ ма мыггæгтæ дæр фæгуырдзи- аг сты - кæмæ дзы «швили» бафтыдтой, кæмæ «дзе». Уыцы са- гъæссаг хъуыддагæй дæр фæрсгæ никæй кодтой - хъæууон со- вет цæрджыты номхыгъд аразгæйæ, ирæтты дæр гуырдзиæгтыл фыстой. Афтæмæй Абаишвили, Багашвили, Цховребашвили, Ти- билашвили, Газашвили, Кочишвили æмæ афтæ дарддæр, ирæттæ кæй уыдысты, уый сæхæдæг дæр хорз зыдтой æмæ сæ гуырдзи- аг сыхæгтæ дæр, фæлæ иуæй-иутæй дарддæр ацы цаумæ уадис- саг йæ хъус ничи дардта. Сæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, ацы хабар фæстагмæ цæмæ асайдзæн. Ирон мыггаг нæ, фæлæ ирон æвзаг бахъахъхъæнын æрмæст уыдон къухы бафтыд, хæдзары хистæр ирон æгъдау, ирондзинад алцæмæй уæлдæрыл кæм нымадта Уыдис дзы ахæм бинонтæ дæр, æмæ сæ сывæллæттæм иронау дзырдтой, кæд сæ мыггæгтæ гуырдзиагздæхт фыст уыдысты, уæддæр. Ацы хæдзæртты ирон уд тæлфыд æмæ цалдæр фæлтæр ивтои, уæддæр сæ ирондзинадыл сæ къух нæ истой. Афтæмæй
ацы æввахс хъæуты цæрæг ирæтты сывæллæттæ сæ кæрæдзи- мæ фырбуцæн дæр иронау дзырдтой æмæ хорз ахастытæ дард- той кæрæдзимæ, алы хатт кæрæдзийы сæрыл хæцыдысты. Туг уæддæр йæхион кæны, уæддæр цыдæрхуызон бæрæгдæрæй æв- дисы йæ раттæг адæмы хуыздæр миниуджытæ, æфсарм, æгъдау, хистæр-кæстæрдзинад æмæ афтæ дарддæр. Ацы сæйраг сосæ фæндагмæ йæ дыууæ фарсы хъæуты цæр- джытæ кæм уæрдонвæндагæй æфтыдысты, кæм фистæгæй æмæ стæй, уым дарддæр кодтой сæ балц. Пца ацы фæндагмæ тынг æввахс уыд, æмæ уыцы къахвæндагмæ куы æрбахæццæ чызг, уæд иучысыл алæууыд, йæ цæст ахаста хуымты æхсæн урс ронау ай- вазгæ над фæдыл æмæ йæ цæстытыл ауад куыд-иу рацæй- згъордтой уыцы хъæуккаг скъоладзаутæ хъазгæ-худгæ, сæ ра- зæй уый, се ’гасæй бæрзонддæр, рæсугъддæр æмæ алыхатт, сыгъдæг итуæвæрд дзаумæтты... Кæд-иу бредзайæгты сæййæф- той фæндагыл, уæд иумæ, тыгуырæй, кæрæдзийæ джидзæг- гæнгæ, худгæ тагъд къахдзæфтæй цыдысты скъоламæ... Алæууыд иудзæвгар, стæй хурмæ скаст, уый дæлæмæ-дæ- лæмæ тылд цъусгай, æнæфæфиппайгæ æмæ бæлæсты æндæрг- тæ сæхицæй даргъдæрæй хуыссыдысты зæххыл. «Хорз уыд, ацы Хуыцауы сконд лæг мыл рамбæлд æмæ мæ Абисы онг сласта, æндæра нырма далæ кæм уыдаин», - ахъуыды кодта æмæ сын- дæггай адарддæр кодта йæ фæндаг. Сæ хъæуы кæрон цы дыргъдæттæ уыд, уый онг схæццæ. Куыд æввахс кодта хъæумæ, афтæ йæ йæ сагъæссаг хъуыдытæ тынгдæр сбырстой. Иу уысм фæсмон дæр фæкодта: «Цæмæн рацыдтæн, цæмæн? Куыд мыл сæмбæлдзысты, айсдзысты мæ? Уæд та алцы рахъæр и, алцы дæр базыдтой, уæд куыд кæндзынæн, цы сын зæгъдзынæн? Куы- нæ мæ бауадзой, уæд... Уæд мæхæдæг зонын...», - цыдæр тæссаг хъуыды æвзæрд йæ сæры æмæ цыма искæмæ æртхъирæн кодта, æрфыгæлхынцъæй атагъд кодта размæ. Сæхимæ сыздæхæны, фæндагæн дæлбыл цы зæронд тулдзбæлас лæууыд, уымæ фæ- комкоммæ. Скаст æм æмæ йæ зæрдæ уыцыиу сæххæтт нык- кодта, уæрджытæ коммæ нал кастысты, афтæ дыз-дыз систой. Æрлæууыд, йæ къухы цы чысыл хызын уыд, уый йæ риумæ бал- хъывта, цыма уымæй йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп баурæдтаид. Хъустæ гуыз-гуыз систой æмæ цæстыты раз нывтæ кæрæдзи ивтой. Къæхтæ афтæ, сæхигъæдæй цайдагъмæ гæсгæ, араст сты, дардыл йæ цæнгтæ чи байтыгъта, уыцы тулдзбæласырдæм.
Ныр та цыдæр цингъуыз æнкъарæн фæзынд зæрдæйы æмæ фæтагъддæр сты къахдзæфтæ. Рагон уыд тулдзбæлас, тынг рагон, дыууæ лæг ыл сае цæнгтæй не ’рбаххæссыдаиккой, афтæ ставд у йæ бындзæфхад. Йæ уидæг- тæ бæргæ арф æмæ дардыл ауагъта зæххы бын, фæлæ уырдыг- гонды кæй лæууыд, уымæ гæсгæ йын алы къæвдайы рæстæджы дон йæ сыджыт дæлæмæ-дæлæмæ ласта æмæ уидæгтæ йæ бындзæфхады алыварс иууылдæр сбæгънæг сты, сæ бынты дон сæрибарæй цыд. Рæстæг куыд цыд, афтæ ставдæй-ставддæр кодтой уидæгтæ. Сæ уæлæ адæймаг сæрибарæй бадгæ дæр æркодтаид. Æмæ сæ фыййæуттæ æмæ фæллад бæлццæттæ дæр бандоны бæсты пай- да кодтой. Уымæ гæсгæ тулдзы бын зæхх къахæй ссæст æмæ сыгъдæг уыд. Ам бадгæйæ, адæймаг йæхи афтæ банкъардтаид, цыма æдас бынатмæ æрбафтыд æмæ йæ ныр бынаты хицау суа- зæг кæндзæн, баузæлдзæн ыл. Дуду та, куыддæр бæласмæ бахæццæ, афтæ йыл йæхæдæг атыхст йæ цæнгтæй, йæ сæр ын йæ дыркъуым цъарыл бакъул кодта æмæ ныккуыдта, азымджын саби йæ мады хъæбысы куыд нырдиаг кæны, афтæ нырдиаг кодта. «Ды алцы уыдтай, ды алцы хъуыстай, куыд мын лæгъстæ кодта, куыд мын хордта ард йæ мард ныййарджытæй, кæй мæ уарзтаид йæ амæлæты бонмæ. Цы æрцыд не ’хсæн, уымæн дæр æрмæст ды дæ æвдисæн... ам, дæ быны куыд баталынг мæ зонд, куыд фесæфтон се ’гасæй зы- наргъдæр мын цы уыд мæ царды, сæрбæрзонд цæмæй уыдтæн, уыцы миниуæг. Æмæ ацыдтæн йæ фæстæ. Ныр та фæстæмæ. Аф- тид армæй, афтид зæрдæимæ». Куыдта бæласыл йæ цæнгтæ тыхтæй Дуду Куы бафæллад, уæд æрбадт йæ уидагыл, йæ сæр йæ уæрджытыл æрæппæрста æмæ, схæкъуырцсхæкъуырцгæнгæ, ахъуыды кодта: «Гъеуæд хъуа- мæ æрцауыгътаин мæхи дæ уæлæ æмæ алцыдæр фæуыдаид...». Кæй æризæрмилтæ ис, уый æрæгмæ фæхатыд. Йæ сæрыл схæцыд æмæ аракæс-бакæс кодта. Изæрмилты рог дымгæ бæла- сы сыфтæртимæ сусу-бусу кодта. Чызг хъуыста сыфтæрты сыр- сыр æмæ йæм афтæ фæка^т, цыма йын чидæр дзырдта: «Ацу, ацу, ацу!» - хæдзарырдæм ын амыдта, сыстади, фæндагыл дыууæйæ дæлæмæ фæцæицыдысты дзургæ. анхъæлмæ каст, уæлбылмæ схызти æмæ хæдзарырдæм араст...
Йæ уæрджытæ зырзыргæнгæ бахызти кæрты дуарæй мидæ- мæ. Куыдз дуары хъинцъмæ срæйдта æмæ йæ размæ ралыгъд. Куы фехъуыста: «Мила, мæхи Мила!» - уæд йæ фæстаг къæхтыл слæууыд æмæ чызгыл йæхи баппæрста цины хъысхъысгæнгæ. Дуду йын йæ сæр лæгъзытæ кодта - «нæ дæ ферох дæн, мæхи Мила, нæ дæ ферох дæн!» - йæ рус куыдзы сæрыл авæрдта дар- дæй æрыздæхгæ бинонты кæстæр æмæ уæдмæ хæдзары дуар байгом ис, рухс дзы ракалд æмæ чидæр тыргъмæ рахызт. Куыдз чызджы фæуагъта æмæ рæйгæ ныр та уыйæрдæм алыгъд хæр- зæггурæг. Рæйдта, цины хъыс-хъыс кодта лæгыл æмæ та фæс- тæмæ Дудуйы ’рдæм ралыгъд: «Цы кæныс, цы федтай?» - бадис кодта лæг æмæ размæ ракъахдзæфтæ кодта. Дуду йæ фыды хъæ- лæс куы фехъуыста, уæд йæ размæ ратындзыдта æмæ хъуырæй уыцы тæригъæддаг мыр схаудта: Баба-а! Къола йæ чызджы йæ æрмттæй хæссæгау куы байста хæ- дзармæ, уæд бинонтæ исдуг фырæнæнхъæлæгæй сдзурын нал сфæрæзтой, стæй йыл бакалдысты: «Дуду Дуду!» - нырдиаг код- той фырцинæй. «Мæ хъæбул, мæ хъæбул!» - йæ риумæ нын- тъыхта Бабиан йæ чызджы, йæ мидæртхъирæнтæ йæ иууылдæр æрбайрох сты. Дудуйы цæссыг згъæлд йæ риуыл æмæ кæцы мад уромы йæ хъæбулы цæссыг? Кæм и ахæм фыдракæнд, ныййарæг мад йæ хъæбулæн цы нæ ныббара?.. Бамбæрста Дуду кæй йыл нæ сивтой сæ зæрдæ æмæ уыцы æгæрон масты фæстæ йæ рагъæй цыма уæззау уаргъ ахауд, афтæ рогæй сулæфыд. Азымджыны цæстæнгас йæ цæсгомæй нырма нæ айсæфт, фæлæ йæхи уæддæр йæ райгуырæн хæдзары афтæ фæхатыд, цыма кæмдæр ахæсты уыди æмæ ныр ссæрибар, ныр ын тас нал у. Фæлæ кæм и Герас? Уый та цы хъуыды кæны? Лæппу уæддæр сæрбæрзонд у, куыд сфæрæзта уыцы худинаг? Хъуамæ Аничкъæйы афарстаид æмæ уæдмæ Герас йæхæдæг æрбахызт хæдзармæ... Бинонтæ Дудуйы ацыды фæстæ мæрдджыны цард кодтой. Раздæрау сæ хæдзарæй хъæрæй дзурын æмæ худын никуыуал райхъуыст. Иуæй чызгыл мæт кодтой - кæм и, куыд у, - иннæ- мæй та хъæубæсты ’хсæн сæхи ныхкъуырдыл нымадтой, худи- наджы сæ кæй баппæрста сæ кæстæр, уый тыххæй. Ахæм цаутæ иу æмæ дыууæ не ’рцæуы, фæлæ хæдзары нырма хистæр чызг æнæцыд уыд æмæ йæ разæй кæстæр æнæбафæрсгæйæ кæй
адымдта йæ уарзоны фæстæ, уыцы хабар сын сæ кад дæлæмæ æрæппæрста. Афтæ хъуыды кодтой бинонтæ æмæ сæхи хызтой, æниу хъæубæстæй уыцы цауы тыххæй Къолатæм зулмæ ничи ка- сти. Фæлæ Герас йæхи лæгыл нымадта æмæ йе ’мгæртты ’хсæн раздæрау йæхи сæрибарæй нал хатыд. «Æфсымæры хойæн ныфс æмæ сæрылхæцæг куы хонынц, уæд мæн куыд æгуыдзæгыл ба- нымадтой сæ иу дæр æмæ се ’ннæ дæр. Лæппуйæ цы рахъаст кæнон - бауарзта йæ, æмæ йын куыд хуыздæр уыди, афтæ ба- кодта, фæлæ ме ’дылы хо - йæхиуыл рыг абадын куынæ уагъта, амæй-ай хуыздæр лæппуты йæ сæрмæ куынæ хаста, афтæмæй йæ фæстæ куы ныййарц и, уæд ам Герас амарди? Æз дын фенын кæндзынæн, фæлæуу, нырма мæ къухты бафт, æз дæуæн фенын кæндзынæн!», - йæхимид-иу æртхъирæнтæ кодта лæппу, фæлæ... ДУДУ куыддæр ауыдта йе ’фсымæры, афтæ æррайау фæгæпп ласта æмæ йæ хъуырыл ацауындзæг. Адджын у мадызæнæг. Ацы къæбæдайы та уæлдай уарзт кодтой Герас дæр æмæ Аничкæ дæр. Цы ма загътаиккой. Аничкæ Дудуйæ ноджы рæсугъддæр уыд уындæй дæр æмæ уæнгты кондæй дæр. Зондджын уыд, уæзбын, уæлдай ныхас дзы ничи фехъуыстаид. Йæ æгъдаудзинад æмæ уæздандзинад та æнæхъæн хъæубæстæн æмбисондæн хæссинаг уыд. Курджы- тæ та - йæ сæрыл уал хъуын нæ уыд, уыйбæрц. Фæлæ Бабиан йæ чызджы æнамондæн йæ уат нал иста æмæ хæдзары сылгой- маджы уæз иууылдæр хистæр чызгмæ æрхауд. Куыд тынг æй фæндыд уæлдæр ахуырмæ бацæуын, фæлæ хæдзары уавæрты фæстиуæгæн уæгъды фесты йæ бæллицтæ. Бонтæ та тахтысты, Бабиан ницы хуыздæр кодта æмæ абадгæ чызджы ном сбадти Аничкæйыл. Уæдмæ кæстæртæ æххуысхъом систы, фæлæ уы- мæн йæ уаргъ уæддæр нæ хауд йæ уæхсчытæй. Афтæ у, алцыдæр ахуырмæ гæсгæ у, æмæ йыл сахуыр сты хæдзарыдзагæй - мад рынчын у, уæд хистæр чызг мады хæстæ æххæст кæны йæ кæс- тæртæн. Ныр Дудуйæн курджытæ куы разынд, уæд фæхатыд Аничкæ, йæ кæстæр хо чындздзон сси, йæхицæн та йæ амонд иæ иувæрсты ахызт. Æцæг Бабиан Дудуйы тыххæй сдзурын дæр никæи уагъта - цалынмæ хистæр йæ амонд не ссара, уæдмæ кæс- тæрæн чындзы цæуæн нæй, зæгъгæ. Фæлæ цард йæхион домы æмæ, чи куыд цырд фæлæууы, йæ хаи дзы афтæ ратоны. Æвæццаегæн, фырнымд адæймæгтæй сæ
фылдæр уымæн фæвæййынц былкъахыр амонды хицау. Æгъда- уы сæрты нæй ахизæн æмæ уæд дæ цард æнæадæн хъуамæ бато- най. Æниу, афтæ дæр фæзæгъынц, де скæнæг дын дæ ныхыл цы ныффысса, æндæр дзы ницы ис, зæгъгæ. Фæлæ цыфæндыйæдæр цард тох у æмæ дæ амондыл дæр дæхæдæг хъуамæ тох кæнай. Цы рауайдзæн дæ тырнындзинадæй, уый дын рæстæг фенын кæндзæн, амондæн дæр дæхæдæг хъуамæ ма аразай ныхдуртæ. Æгъатыр у рæстæг, рæстдзинады раз йæ цæст нæ бацъынд кæн- дзæн. Æмæ ныр ирдæй суыдта Аничкæ алцы... Бамбæрста, йæхи аххос уыд алцыдæр... Дудуйы ацыды фæстæ лæмбынæг ахаста йæ цардыл йæ цæст. Æнæзæрдæхудтæй лæггад кодта бинонтæн, йæхиуыл нæ ауæрс- та, цæмæй ныййарæгæй, мадызæнæгæй сæ алчидæр хæрзæхсад æмæ хæрззылдæй уыдаиккой. Афтæ цыдысты бонтæ æмæ йæ зæрдæйы рæсугъд æнкъарæнтæн райхалыны бар никуы радта. Йæ бирæ курджытæй иу йæ зæрдæйы бæргæ арф æрбынат код- та, фæлæ йæ бинонты раз цы бæрндзинад æнкъардта, ууыл нæ фæтых йæ уарзт. Уыцы лæппу дæр æм бирæ фенхъæлмæ касти, фæлæ куы бамбæрста, чызг йæ рынчын мады æнæфæкæсæг нæ ныууадздзæн, уæд йæ царды хай бакодта... Ныр мысыд Аничкæ алцы, лыстæг хъуыды кодта алцæуыл, тæразыл барæгау кодта йæ чызгон царды бонтæ æмæ фыццаг кæд мæсты кодта Дудумæ, уæддæр иннæрдыгæй азым нæ хаста йæ кæстæр хомæ - «уар- зондзинад царды иухатт вæййы æмæ йæ Хуыцау амондджын фæкæнæд», - ныббарста йын алцы. Фæлæ абон, ацы изæр кæд йæ мадызæнæджы фендæй цины малы бахауд, уæддæр зæрдæ мидæгæй цыдæргъуызон æлхыс- чъытæ кодта. Ради йæ фендыл, кæдæй-уæдæй ма федта йæ æнæрцæф, йæ хъал хойы, йæ фæндоныл дыууæ зæгъæн кæмæн нæ уыд, уыцы къæбæдайы, æмæ... Уæдæ циу ай. Цы æнтъыснæг, риссаг æлхыскъ кæны зæрдæ?.. Ахæм дудаг фарст бинонтæй алкæй сæры рафт-бафт кодта, фæлæ сфæрсынæй сæхи урæдтой... «Уæдта исты ахæмæй... уæд йæ хъæдгомыл цæхх байзæрынау ма рауайа. Цæй, бауадзæм уал æй. Хуыцауæн табу, удæгасæй кæй сæмбæлди хæдзарыл, стæй алцыдæр рабæрæг уыдзæн», - хъуыды кодта фыд. «Цы кæнон, алцыдæр Хуыцауы бар у. Æвæццæгæн йæ амонд афтæ уыд», - Бабиан дæр алцы Хуыцауы бæрны бакодта.
Дуду та... æнæхъæн æхсæв йæ цæстыл цъынд не^ ’рхæцыд, æнæхайры хъуыдытæ йын æнцой нæ лæвæрдтой. Йæ царды фæстаг бонтæ иууылдæр йæ æнæрхъуыды къахдзæфтыл ката- йæ арвыста, фæлæ уым, кæйдæр къуымы, æцæгæлон адæмы ’хсæн бынтон уæззау, æндæргъуызон уыд йæ рыст. Бирæ хатт- иу йæхи амарыны хъуыды дæр æрцыд йæ сæрмæ, фæлæ бузныг йæ фысымы чызгæн... алы зындзинадæн дæр вæййы йæхи чы- сыл ныфсы таг, хъæмпы халыйас цыдæр, донласт хъæмпыхалыл куыд ацауындзæг вæййы, ахæм ныфсы таг. Ацы чызг та Дуду- йæн хъæмпыхал нæ, мæцъис разынд, фидар мæцъис. Йæ фарс балæууыд æмæ йæ фæкæлын нæ бауагъта. Тамар кæд Дудуйæ бирæ хистæр нæ уыд, уæддæр горæты хъомыл чызгмæ фылдæр хæйрæгдзинад уыд æмæ йæм царды фылдæр фæлтæрддзинад дæр разынд. Сидзæрæй хъомыл чысылæй фæстæмæ алы зын- дзинæдтæ бавзæрста æмæ йæ зæрдыл бадардта сæ тыхсты бон- ты сын хорзы чи бацыд æмæ сын сæ зæрдæ чи фæриссын кодта, уыдæттæ æмæ ныр стырæй, йæ бон куыд уыд, афтæ архайдта йæ алыварс уæвджытæм æххуысы къух бадаргъ кæныныл. Тамазæн йæ хъомылгæнæг фыдыфсымæр йæ фæндоныл не сразы ис æмæ ма йæм ахъаззаг дæр фæхыл кодта: «Цафон уску- рыны рæстæг дын у, нырма дæ хъуымыз дæ былтæй куы кæлы, уæд?! Тагъд дæм æфсадмæ дæр фæсиддзысты æмæ уал дæ хæс сæххæст кæн. Ам мын дæ ус, стæй йын сывæллон дæр куы рацæуа, уый дæр ме гккой сæвæр! Сæрæй ма хъуамæ ахъуыды кæнай, цы аразыс, ууыл?» - йæ къух мæстыйæ ауыгъта æмæ дуар йæ фæстæ агуыпп ласта. Саузæрдæ лæг нæ уыд Ладик, фæлæ-иу истæуыл фæмæсты, уæд алывыдтæ акалдтаид адæймагæн. Йæхицæн йæ маст бирæ нæ хаста, фæлæ-иу йæ пырх кæуыл акалдта, уымæй афтæ тагъд кæм ферох уыдаид. Бинонтæ йын зыдтой йæ уагахаст æмæ уæлдай ничи уæндыд хæдзары хицаумæ, бинонты хистæры барст ын уыд. Кæд нæ, уæд æцæг хылмæ асайдтаид хъуыддаг. Та- маз уæддæр уый æнхъæл нæ уыд, афтæ æвзæрæрдæм бандæвта- ид йæ уарзон фыдыфсымæрыл ацы хабар. Йæ сидзæры тыххæй йæ фырбуц кæй кодтой, уый зæрдæ йæ фæсайдта, æндæра афтæ куы уыдаид, уæд æвæццæгæн, нæ бауæндыдаид æмæ хъæр дæр не скодтаид. Ныр ахæм ныхкъуырд куы райста, уæд йæ зæрдæмæ ныхъхъуыста лæппу. Нал дзургæ кодта, нал рæстмæ хæргæ. Иу- гæндзон æддæмæ йæхи æппæрста - куы фыййау цыд, йæ рад куы
нæ уыд, уæд дæр, куы сæндоны цыдæртæ архайæг кодта йæхи. Йæ хъуыдыйæ нæ хаудта, цы æнæнхъæлæджы ми йыл æрцыд æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл худти. «Ай цы бакодтон? Афтæ куыд гæнæн ис, гадзрахатæй йыл рацæуон? Æмæ мын афтæ дæр куы загъта, басывæрджын,^дам, дæн, куы мыл разына æмæ мæ куы базоной, уæд мæхи амардзынæн, зон æй... нæ, кæд мын сразы уаид искуыдæм ацæуыныл. Æз алы куыст дæр бакæндзынæн æмæ нæхи нæхæдæг дардзыстæм»... Тамазы ахæм хъуыдытæ æхсыдтой æмæ йæ йæ фыдыфсымæ- ры ус Бекъуен афтæ æрхуымæй куы уыдта, уæд уый дæр ката- йы бахауд. «Ай афтæ куы маст кæна, уæд йе знаг исты кæндзæн. Æвæццæгæн, афтæ бирæ уарзы уыцы чызджы æмæ йæ зæрдæйæ нал хауы. Ацы лæг та, цалынмæ йæхимæ не ’рцæуа, уæдмæ йæм дзурæнтæ нæй. Мæ хъулон лæппу та хæдзарон нал у». «Хъулон» лæппу хуыдта Бекъуен Тамазы æмæ йæ æцæг хъулон уарзт код- та. Хъæбулы хъомыл æй скодта. Йæ мад æмæ йæ фыд аварийы куы фæмард сты, уæд ыл фондз азы дæр æххæст нæма цыди æмæ йæ уæдæй фæстæмæ йæхи сывæллæттæй никуы равзæрста. Сидзæрæй кæй аззад, уый тыххæй йын фылдæр тæригъæд код- та æмæ йæ фылдæр рæвдыдта. Сабитæ-иу исты куы разнаггад кодтой иумæ хъазгæйæ, уæд-иу йæхиуæтты фесхуыста, Тамазæн та алцы барст уыд. Афтæ сахуыр Бекъуеныл лæппу æмæ йæ уый дæр йæ сабитау «гыцци» хуыдта. Ахæм хъæрмуд бинонты ’хсæн хъомыл сидзæр йæхи сидзæрыл налдæр нымадта. Кæд ма йæ ныййарджыты гæзæмæ хъуыды кодта, уæддæр мад-фыды уар- зондзинад адонæй - йæ хъомылгæнджытæй парахат иста æмæ ныр... Ныр цы фæуыдаид, уымæн ницыуал зыдта. Бекъуен æм- бæрста лæппуйы рыст, фæлæ йæ сæрыхицауы ныхмæ зæгъын ницы уыд йæ бон. Зыдта йæ, цалынмæ йæхæдæг не ’рцæуа ахæм хъуыдымæ, уæдмæ дзы ницы рауайдзæн. «Цасфæнды йын ма фæлæгъстæ кæнон, уæддæр нæ бауадздзæн ацы лæппуйы ус ку- рын. Æниу ын нырма бæргæ раджы у, фæлæ дзы, æвæццæгæн, æндæр гæнæн нал ис, æндæра афтæ тынг нæ маст кæнид. Тæ- ригъæд у стæй кæйдæр чызг дæр сæнамонд уа, уый дæр раст нæу. Хуыцау нын нæ ныббардзæн. Æвзонгæн дæр барын хъæуы хатт, æндæра, чи зоны, ноджы æвзæрдæр рауайа хъуыддаг». Афтæ фæрахъуыды-бахъуыды кодта ус æмæ Ладикы сусæ- гæй лæппуйæн фæндаггаг æхца самал кодта æмæ йæ бафæ-
дзæхста: «Маст ма кæн, мæ лæппу, фæлæ акæн уыцы чызджы æмæ Калакмæ дæ фыдыхомæ ныццæут. Бынат сæм ис æмæ уал иуцъус рæстæг уыдонмæ уыдзыстут. Стæй йæ куы бамбара Ла- дик, æндæр амал дзы нал и, уæд исты хостæ кæндзыстут». Хъуы- ста ацы ныхæстæм сæргуыбырæй Тамаз, йæ зæрдæ суынгæг æмæ, чысылæй куыд зыдта, афтæ йæ сæр Бекъуены риуы нымбæхста. Стæй йæ цæссыгтæ усы къандзолыл асæрфта æмæ феддæдуар... Бекъуен афтæ хæдзары астæу лæугæйæ аззад. Иу уысммæ кæр- ты дуары хъинцъ дæр ацахстой йæ хъустæ æмæ дзы цыма чидæр йæ буарæй цыдæр хай атыдта, афтæ барызт... «Амондджын у, мæ хъулон лæппу. Хуыцау дæ бахизæд фыдбылызæй», - йæхимид скуывта æмæ къуымтыл йæ цæст ахаста. Цыдæр афтид, æгъуыз æм фæкасти алцы æмæ иу уысм фæфæсмон кодта, цы бакодта, уыцы хъуыддагыл. Иунæгæй куы фæхатыд йæхи, уæд дзы цыма цъус тас дæр бацыд. Сæ чызг - зæнæджы хистæр - чындзыдзыд, лæппу æфсадæй нæма ’рыздæхти. Ныр Тамаз дæр ацæудзæн æмæ иунæг Хуыцауы йеддæмæ ничи зоны, куыд бауыдзæн æмæ фæстæмæ кæд ’рыздæхдзæн. Гъе, æмæ афтæ, йæ хъулон лæппуйы уавæрыл хъуыдыгæнгæ йæхимæ цы æнхъæлмæ кæсдзæн, уый йæ хъуыдыйы æмгæрон дæр не ’рцыд. Ныр лæууыд, ракæс-бакæс кодта къуымты æмæ, дуары цур къулыл ауыгъд Ладикы зæронд хъармдарæныл йæ цæст куы схæцыд, уæд йæ сæры февзæрд: «амæн та цы зæгъдзынæн, куы мæ бафæрса изæры - уыцы лæппу та кæм и нырмæ? Афтæ йын куы зæгъон - «нæ йæ зонын», уæд æй куыд бауырндзæн, кæд æмæ Тамаз æнæмæнбафæрсгæйæ никуыдæм ацæудзæн, уый тынг хорз зоны... уæд та уыцы сы- вæллæттæ куы æрбауаиккой», - уый йæ чызджы сабитæй дзырд- та, уыдонæй æвæрдта йæхицæн ныфс. Донæн уыцы фарс царды- сты æмæ-иу арæх цыдысты сæ нанамæ. Тамаз æмæ Дуду уыцы изæр ахъуызыдысты. Хорз сыл сæм- бæлди йæ фыдыхо Динæ, йæ чызг Тамар та фырцинæй зæххыл нал лæууыд, афтæ бирæ уарзта Тамазы æмæ йын ныр йæ фенд хуры скастау уыд. Хуыцаубон уæвгæйæ, абон æрæгмæ сыстад, нæ- дæр йæ куыстмæ тагъд кодта æмæ нæдæр институтмæ. Йæ мад уымæ æнхъæлмæгæсгæ нырма къæбæр дæр нæ бахордта. Ныр сæм афтæ æнæнхъæлæджы цины уазджытæ фæзынд æмæ сæ фынг иннæ бонтæй ныр чысыл фæхуыздæр кодтой. Фынгыл Ди- нæ Тамазы йе ’фсымæр, йæ чындзы, хъæуы хабæрттæй фарста,
аивæй та Дудуйы бæрджытæ кодта, йæ зæрдæ цыдæр æхсайдта, ацы æнæзонгæ чызг нæм æнæхъуаджы не ’рбакодта, зæгъгæ. Касти йæм æмæ йæ зæрдæмæ фæцыди бакастæй дæр, стæй йæ уæздан, æфсæрмыгæнгæ ахастæй дæр æмæ Тамазы бафарста: - Ацы зæды хуызæн рæсугъд чызг дæр нæ хъæуккаг у? Уæд кæй чызг у? Дудуйæн йæ цæсгом асырх и, Тамаз дæр куыддæр сдзурын нал сарæхсти. Кæд развæлгъау бадзырдтой, куыд хъуамæ загътаик- кой, уæддæр нал фæцарæхст и фыртыхстæй. Уый афтæ хъавыд, йæхæдæг лæмбынæг радзырдтаид йæ фыдыхойæн, цæй мидæг ис хъуыддаг, уымæ цæмæн раппæрста йæхи, Бекъуен дæр ын афтæ кæй бацамыдта. Фæлæ ныр афтæ кæй рауад æмæ фысым йæхæдæг куы фæраздæр и, уæд фыртыхстæй ницыуал зыдта æмæ Тамармæ азымджын сывæллоны цæстæнгасæй бакасти. Та- мар хæйрæджытæй уыд, æвиппайды фæхатыд, цæй мидæг уыд хъуыддаг æмæ йын афтæ: - Абиан, ацы зæды хуызæн рæсугъд дæ чындзæн фæци æмæ цайы бæсты фынгмæ сæн рахæсс! - йæхæдæг фæгæпп кодта æмæ дуармæ алыгъд, цæмæй ныккæндæй нуæзт схастаид, Ладико сын-иу алы Ног азмæ кæнæ йæхæдæг кæнæ искæмæн æрвыс- та сæн. Динæ нырма чызгмæ бакаст, стæй Тамазмæ. Сæ дыууæ дæр сæ сæртæ æруагътой æмæ зæхмæ кастысты. Дуду фынгæмбæрзæ- ны хаутæ иугай нымадта: «Асурдзæн нæ æви нæ, асурдзæн нæ æви нæ...». Тамаз та йæ æрфгуыты бынты касти йæ фыдыхомæ. Уый дæр æнæфезмæлгæ бадти, касти сæ дыууæмæ æмæ иу уысм йæ цæсты раз ферттывта йе ’взонджы бонты рæсугъддæр ныв... Ферттывта æмæ фæтары ис... идæдз сылгоймаг йæ сæрыл схæцыд, цыдæр хъуамæ сдзырдтаид æмæ уæдмæ Тамар æд- сæнавг æрбахызт. Агуывзæйы сæн æркодта æмæ хъæлдзæгæй: - Акув сын, мæхи гыцци, акув! Динæ агуывзæ систа йæ къухмæ, цармæ скаст æмæ зæрдæ- бынæй скуывта: - Хуыцау, дæ дзæбæх цæстæй нæм ракæс, не ’ххуысгæнæг у æмæ дæ курын: амондджын фæкæн мæ сидзæрæй хъомыл мадызæнæджы иунæг бындары... - æмæ ферхæцыд. Фæндыдис æй зæгъын бирæ хъарм ныхæстæ - бæргæ, зæгъ, ме ’фсымæр удæгас куы уыдаид, йæ фырты циндзинад куы ’рæй- йæфтаид, уæд кæуылты чындзæхсæв ныззылдтаид, - фæлæ
йæ зæрдæ суынгæг æмæ ма ныллæг хъæлæсæй сфæрæзта. - Æмзæронд баут, хъæбултæ, - æмæ йæ цины цæссыг йæ русы æнцъылды амбæхст. Уыйхыгъд Тамар хъæлдзæгæй бакъуырцц кодта йæ агуывзæ Тамаз æмæ Дудуйы агуывзæтыл æмæ: - Иумæ, иумæ сæ аназæм! - худгæйæ сын загъта æмæ сæ дыууæйæн дæр аба кодта. Уыцы бон хъæлдзæгæй арвыстой. Афтæ хъарм, уарзгæйæ ахаст сæм кæй равдыстой фысымтæ, уый сын сæ мидсагъæс, сæ тыхстдзинад фæсабырдæр кодта. Ныр сын сæрибарæй, æр- гомæй радзырдта лæппу сæ хабар: йæ фыдыфсымæр æй кæй нæ бамбæрста, йæ фæндоныл кæй не сразы ис æмæ йын уымæй йæ зæрдæ кæй фæриссын кодта, уымæн кæй рахъуызыдысты сусæгæй. Динæ байхъуыста лæмбынæг, фæлæ йæ æфсымæры нæ бахæрам кодта, йæхимæ дæр раст нæ касти, афтæ æнафоны кæй сфæнд кодтой бацæрын. Фæлæ цы æрцыд, уымæн æндæргъуызон рарастгæнæн нал уыд æмæ сын уый дæр раарфæ кодта. Фæлæ уыйхыгъд йæ æфсымæры кæстæрты раз дæлæмæ не ’руагъта, фæазымджын æй кодтаид, уый хорз нæ уыд. Раст зæгъгæйæ, Ладик нæдæр уыд азымджын. Иу мад æмæ фыды зæнæг уыдыс- ты æмæ сæ кæрæдзи удыхъæд æмæ ахастытæ тынг дзæбæхдæр ма зыдтой. Уыцы уæззау бонты Ладик бæрндзинад йæхимæ райста - дыууæ марды йын æнæнхъæлæджы йæ къæсæрыл ба- лæууын кодтой, уæд æндæр исчи, чи зоны, цы фæуыдаид æмæ куыд сарæхстаид. Фæлæ уый уыцы æгæрон маст лæгау сфæрæзта. Ирон æгъдаумæ гæсгæ кадимæ бавæрдта йе ’фсымæр æмæ йæ чындзы. Афæдзæй-афæдзмæ дæр марды кæндтæ æгъдауыл фæцарæзта. Сидзæр сывæллоны дæр йæхæдæг схъомыл кодта йæхи хъæбулау. Йæ чындзы мад, мæгуыр, бæргæ лæгъстæ код- та Ладикæн, сидзæры, дам, æз акæндзынæн, фæлæ уый цæхгæр «нæ» загъта: - ай мæ туг, ме стæг у æмæ фыццаг æз дæн хæсджын. Лæппу йæ мыггаджы ’хсæн хъуамæ схъомыл уа! - загъта æмæ йæхион акодта. Уымæй дæр тынг раст бакодта - ус дыууæ азы дæр нал рацард уыцы уæззау масты фæстæ æмæ та уый дæр Ла- дикы бавæринаг фæци... Уыцы хабæрттæ дзырдта Динæ зæрдæрисгæ æмæ йæм лæм- бынæгæй хъуыстой кæстæртæ. Сæ цæсгæмттыл зынд сагъæс, Дуду йæ цæссыг нал урæдта. Тамаз дæр ныр ирддæрæй бамбæрс- та, йæ фыдыфсымæр кæд иу бакастæй пыхс æмæ мæстыгæр
лæджы хуыз æвдыста, уæддæр куыд парахат зæрдæиы хицау уыд. Æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ сабибонты ныв - скъо- лайæ-иу хорз нысæнттæ куы æрбахаста, уæд-иу куыд цин кодта Ладик, куыд-иу дзы æппæлыд: «Инженер хъуамæ рацæуай, ин- женер, мæ лæппу!». Цæмæн æй фæндыд инженер суыдаид лæп- пу, уымæн ницы æмбæрста, фæлæ уыдæттæ мысгæйæ, азым- джынæй ныр йæхи æнкъардта Тамаз - нæ, дам, бакодтон раст ми, зæгъгæ. Æмæ йæ уарзт йæ хъомылгæнæг фыдыфсымæрмæ ноджы фæфылдæр, цыдæр арф æмæ æндæргъуызон хъарм ми- дис райста. Чызджытæн дæр сæ цæсгæмттыл зынди, кæй фæивтой сæ фыццаджы хъуыды Ладикмæ. Бамбæрстой, мæсты кæнын кæй нæ хъуыд хистæрмæ, фæлæ кады аккаг кæй уыди. Дыккаг бон Тамар куыстмæ раджы ацыд, Тамаз æмæ Дуду ныр- ма фынæй кодтой. Фæскуыст институтмæ ацыд консультаци- тæм, тагъд фæлварæнтæ райдыдтаиккой æмæ йæхи цæттæ код- та. Изæры цъус æрæгмæдæр æрцыд æмæ йæ мады аивæй афарс- та - ничи фæзынд сæ агурæг? Мад йæ сæр батылдта «нæ» зæгъ- гæ. Уæд Тамар хъæрæй афтæ: - Уæдæ æхсæвæрмæ цы æрцæттæ кодтай, гыцци, æххормаг мын у. Кæм стут сымах та! - бахъæр кодта иннæ уатмæ йæхи- æрдыгонау хъæлдзæгæй, Тамаз æмæ Дуду дæр рахызтысты, кæр- дзын-иу кæм хордтой, уыцы уатмæ. Адон дæр куыд нæ æнхъæлмæ кастысты - абон нæ исчи æр- цагурдзæн, æвæццæгæн, зæгъгæ, фæлæ бон баизæр æмæ, куы- ничи разынд, уæд сæ цæсгæмттæ цыдæр тасхуыз æвдыстой. - Цы уæ хъустæ æрæппæрстат, горæтмæ уæддæр ахызтаик- кат, чысыл атезгъо кодтаиккат, - худгæйæ сын загъта Тамар, йæ мадæн фынг æвæрынæн æххуыс кодта, афтæмæй. Æхсæвæрыл Тамаз Тамарæн афтæ бакодта: - Исчи нæ æрцагурдзæн æви нæ, махæн, æвæццæгæн, фæстæ- мæ здæхæн нал ис. Æмæ уæд исты куыст хъуамæ бацагурæм, афтæ бадгæйæ... - йæ ныхас кæронмæ нæма фæци, афтæ йын Та- мар ныфсджынæй загъта: - Гъе, æмæ тынг хорз! Куыст дæр ссардзыстæм æмæ иумæ цæрдзыстæм. Афтæ хуыздæр нæ уыдзæн, гыцци? - йæ мадмæ ба- кастчызг.
- Уæдэе куыд, искуыдæм сæ æххуырсты ауадздзынæн, бынат нын нæ фаг кæны æви цы? Æцæгæлон адæм мæм куы царди уал азы, уæд мæ мадызæнæджы хъæбулыл мæхи атигъ кæндзынæн? - Уыцы æцæгæлæттимæ, гыцци, афтæ хъæрмудæй фæцар- дыстæм. Уыйбæрц хорздзинæдтæ мын фæцарæзтой, æз сæ мæхи- уæттыл нымайын æмæ цæрæнбонтæм дæр афтæ уыдзыстæм. Куыд дæм кæсы, мæнæн Маринæ ныййарæг мадау мæ фарсмæ куы нæ балæууыдаид, уæд мæ хъуыддæгтæ афтæ нывыл уыда- иккой? - Уас йæ нывонд мæ сæр. Куыд у, кæдæй-нырмæ нæ нал абæ- рæг кодта, - бафарста йæ Динæ. - Бирæ куыст ын ис, гыцци, æндæра йæ рох нæ дæ, афæрсы мæ, куыд, дам, у йе ’нæниздзинад, кæд, дам, истæуыл тыхсут, уæд ам дæн. Никуы йæ æвдæлы, ахъуыды-ма кæн - дыууæ мин адæймаг кæм кусы, ахæм фабрикæйы директорæн сæрибар рæс- тæг уыдзæн? - Уымæй раст дæ, - сразы йæ хъуыдыимæ Динæ. - Ахæм стыр фабрикæйы дын кæд афтæ хионау æввахс адæй- маг у, уæд нын ницы куыст самал кæнид? - ныфсджынæй бакаст Тамаз Тамармæ. - Ууыл æз мæхæдæг дæуæй раздæр ахъуыды кодтон, фæлæ уал, зæгъын, уæ сомбоны хъуыддаг уæхæдæг аскъуыддзаг кæ- нат. Стæй исты æрымысдзыстæм, уæдæ куыд! - загъта йын Та- мар. - Мæнæн мæхи Маринæ ма баххуыс кæна, уый гæнæн нæй. Йæхимæ куыницы разына дæ аккаг куыст, уæддæр ын горæты афтæ бирæ æмгæрттæ ис, заводты, фабрикæты директортæ æмæ йын афтæ кад кæнынц, алцыдæр йæ бон у саразын. Сымах уый куы зониккат, уый мæн институтмæ куыд тыхæй бакодта, куыд зылд мæ фæстæ алы фæлварæны рæстæджы. Фабрикæйы бы- нæткомæн куырдиат саразын кодта институты ректоры номыл, цæмæй мæ æнæмæнг айстаиккой, ома фабрикæйы сын специа- лист-экономист кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй. Æцæг фæлва- рæнтæ хорз нысæнттыл радтон, фæлæ, цынæ вæййы, дæ фæстæ хицау куынæ лæууа, уæд дæм цы æмбæлы, уый нæ нывæрдзыс- ты, стæй ацу æмæ хъаст кæн! - худы Тамар. - Лæджы ’мбæрц сылгоймаг бæргæ у, уас йæ нывонд фæуæд йæ лæг, æниу ма иын цæй лæг у фæлæ йын йæ амонд фехæлдта æмæ... Ахаем зæды хуызæн сæрæн ус дæ фæуа æмæ йемæ цæрын ма базонаи, - мæтгæнгæ бакодта Динæ.
Маринæйæ уæгъды не ’ппæлыдысты мад æмæ чызг. Æцæ- гæй рæсугъд æмæ зондджын, æгъдауджын сылгоймаг уыд. Хорз амонды аккаг дæр уыд, фæлæ Хуыцау æвæццæгæн, алцы иумæ нæ дæтты адæймагæн. Институты ахуыры рæстæджы æнæ- хъæн курсы лæппутæй иу дæр ахæм нæ уыд, сусæг-æргомæй Маринæйы зæрдæ балхæныныл сæ кæцы нæ архайдта. Фæлæ ирон æмбисондау ма уа - «Амонд атахт æмæ фаджысыл абадт», - афтæ зæгъæн уыд Маринæйы мойагæй. Йе ’мкурсонтæм хойы зæрдæ дардта æмæ гуырдзиаг факультеты лæппуйæн фадат фæ- ци - бафтыд йæ фæстæ æмæ уый дæр сразы бирæ фæрахъуы- ды-бахъуыдыйы фæстæ. Бакастæй йæм фау не ’рхастаис, асæй, хуызæй, кондæй - цæсты хауд, йæ бинонтæ дæр интеллигенттæ: фыд - ахуыргæнæг, мад - дохтыр, цæргæ дæр хорз кодтой æмæ амондæн æндæр цы хъуыд? Фыццаг азты сæ цард цыма нывыл цыд, фæлæ иунæг лæппу æгæр буц хъомыл уыд æмæ йæ хивæнд митæн нал уыд кæрон. Барста йын Маринæ, сывæллон дæр сын рацыд æмæ дзы ныфс бацыд, кæд йæ зонд æрцахсид, зæгъгæ. Фæлæ нæй - лæппу йæ хъал цардыл йæ къух нæ иста. Фæстагмæ рабæрæг, æндæр сылгоймагимæ та йын лæппу кæй райгуырд. Иугæр Маринæ алцы куы базыдта, уæд нал байхъуыста æфсин æмæ хицаумæ дæр æмæ æнæхыл, æнæхъаугъайæ ракодта йæ сывæллоны æмæ рацыди. Йæ цæгатмæ нæ баздæхти. Йæ фыды зæрдæмæ сæрæй дæр нæ фæцыд ацы хабар æмæ йæ чызджы раз нæ балæууыд, йæ амонд йæхæдæг равзæрста, зæгъгæ, фæлæ йын иу ныхас загъта æмæ раст разынд: «Мæ чызг, кæрцæн йе ’мпъузæн йæхицæй хъуамæ уа». Ныр æй бамбæрста Маринæ, цæй мидæг уыд ацы æмбисондæн йæ мидис, фæлæ байрæджы... Æмæ йæ нал бафæндыд йæ цæгатмæ баздæхын. Уым мад æмæ фыдæй дарддæр ма æфсымæр æмæ чындз дæр уыд, уыдонæй дæр аргъуц кодта. «Мæхæдæг иу сывæллон схъомыл кæнон, кæд уыйас мæ бон не суа, уæд ма мæ удæгас циу?», - загъта фидарæй. Баххуырста хæдзар. Хуыцауы фæрцы ахæм бинонтæм бахауд Динæты хуызы æмæ хуыздæр æрымысæн дæр нæ уыд. Уæд Маринæ фабрикæйы цехы хистæрæй куыста. Йæ чысыл чызджы-иу сывæллæтты цæхæрадонмæ райсомæй йемæ акод- та, йæ амондæн цæхæрадон йæ куысты тæккæ цур уыд, фæс- куыст та-иу æй ракодта. Динæ сын мады лæггад кодта æмæ ацы
хорздзинад зæрдæхæлар сылгоймаг афтæ иугъæдонæй æнæба- фиппайгæ хуызы арæзта, цыма уыдоны тыххæй иу мур дæр уæлдай нæ тыхсти - æз уæддæр хъуамæ аразон хæдзары æф- синмæ цы хауы, уый æмæ ныр хæринагмæ иу къус фылдæр ба- фтаудзынæн, уый цы йе скойы аккаг у, зæгъгæ. Уыйхыгъд зонд- джын ус Маринæ дæр æнæдзургæ алцы æмбæрста æмæ афтæ кæрæдзи æмбаргæ хъæрмудæй цардысты цалдæр азы. Стæй Маринæйæн фабрикæйы къухдариуæгад фатер рахицæн код- та æмæ алыгъдысты мад æмæ чызг сæхи сæрмагонд къуыммæ, фæлæ кæрæдзийыл афтæ ахуыр уыдысты, æмæ сын фыццаг бон- ты тынг фæзын. Арæх фæстæмæ Динæмæ згъордтой Маринæ дæр æмæ йе скъоладзау чызг дæр. Иæ хорз куыстæй, йæ хорз ахастæй æнæхъæн фабрикæйы кусджытæ дæр æмæ къухдариуæгад дæр тынг райгонд уыдысты Маринæйæ æмæ фабрикæйы директоры пенсийы куы ауагътой, уæд Маринæ уæдмæ йæ хæдивæг уыд æмæ йæ ныр директо- рæй сæвæрдтой. Фабрикæ дзаумæттæ хуыйæн кæй уыд, уымæ гæсгæ кусджытæн сæ фылдæр хай сылгоймæгтæ уыдысты æмæ хорз æмбæрстой сæ кæрæдзи директоримæ. Алы хуызы сын сæ къух арæзта æмæ уыдон дæр æнæзæрдæхудтæй архайдтой. Уый фæрцы куыстуатæн йæ ном ахъæр, раззагон сси. Кæй зæгъын æй хъæуы, директоры кад æмæ ном фæбæрзонд и æмæ йæ горæты советы депутатæй дæр раразмæ кодтой ирон уæвгæйæ, уый уыцы рæстæджы стыр кады хъуыддаг уыд. Иудзырдæй, Маринæ ныфсы адæймаг уыд æмæ ацы хабæрттæ Тамаз æмæ Дуду куы базыдтой, уæд уыдон дæр фæныфсджын сты - кæм цæрой, уый сын ис, куыст дæр ссардзысты æмæ сæ сомбон хорз ацæудзæн. Иннæмæй сæ мидзæрды уæддæр катай кодтой - куы æрцæуой нæ хицæуттæ æмæ нæ фæстæмæ куы акæной, уæд... Фæлæ бонтæ цыдысты, фæрсæг ничи зынд. Ацы хъуыддаг дæр сæм иуæй хорз каст - нæхи бар нæ ныууагътой, зæгъгæ, иннæмæй та сæ цы- дæр æнæрафæлгъаугæ æнкъарæн тыхсын кодта, цыдæр сусæг маст сын сæ зæрдæтæн æнцой нæ лæвæрдта. Бирæ хатт-иу сæ къахдзæфыл фæсмон дæр фæкодтой æмæ-иу цалынмæ Тамар куыстæй æрбацыд, уæдмæ сæхи цы фæкодтаиккой, уымæн ницы зыдтой. Цыма сæ кæрæдзийæ дæр сфæлмæцыдысты. Се ’взон- джы æрра монц куы сæххæст, уæд цыма сæ уарзт фæтынгдæры бæсты иæ раздæры рæсугъд хуыз фесæфта æмæ сæ дыууæ дæр
цыма фæфыдæнхъæл сты, «æндæр ницы уыд... Уыцы æгæрон цыдæр, кæрæдзимæ нæ афтæ тыхджын чи æлвæста, уый æндæр ницы уыд?.. Химидзæрды сæ иу иннæйы аххосджын кодта: - «Ацы уавæры кæй дæн, уый дæ аххос у...». Фæлæ та-иу сæ уарзон- дзинад ацы æнкъарæныл фæтых и æмæ та-иу, сæ сомбон куыд рауайдзæн, ууыл хъуыдытæ кодтой. Фыццаг бонты тæлмæнтæ сæ хуыз ивтой æмæ ма æрмæст ууыл тыхстысты, исты хъуыддагыл ныллæууой æмæ æнæхъуа- джы хъуыдыты хызæй сæхи ссæрибар кæной. Се скаст ма Та- мармæ уыд, алы изæры йыл фæрсæджы цæстæй æмбæлдысты. Æмæ сæм къуырисæр изæры хорз хабар æрбахаста: - Дуду, сом мемæ рацæудзынæ! Дæуæн уал рацагуырдта Ма- ринæ бынат, - загъта Дудуйæн æмæ уый дæр йæ хъуырыл аца- уындзæг фырцинæй. Уыйхыгъд Тамаз ныхкъуырд сывæллоны хъæлæсыуагæй Тамарæн афтæ бакодта: - Æвæццæгæн, устыты фабрикæйы (афтæ йæ хуыдта Динæ) нæлгоймæгты сæр нæ хъæуы, нæ? - Куыд нæ, фæлæ ацы тæккæ сæрибар бынат нæ разынд. Фæлæ ды ууыл ма маст кæн, мæ директор ахæмтæй нæу, ныфс дын бавæра æмæ дын æй ма сæххæст кæна. Ды уал иу чысыл банхъæлмæ кæс, махмæ кæд нæ разына, уæддæр куыст æндæр заводы ссардзæн. Гæстæ кæрæдзи зонынц æмæ исты самал кæн- дзæн дæуæн дæр, - фидарæй йын загъта Тамар. Райдыдта Дуду кусын фабрикæйы æмæ алырайсом Тамари- мæ иумæ зæрдæрайгæ цыдысты. Тамазы дæр бирæ æнхъæлмæ кæсын нал бахъуыд, Маринæ уымæн дæр рауардта куысты бы- нат - дзулфыцæн комбинаты, кæд сæ хæдзарæй дæрддзæф уыд, уæддæр ууыл мæт чи кодта - горæты къахæй цæуын хъуыд æви цы - сæ цуры-иу трамвайыл сбадт æмæ æрдæг сахатмæ йæ куы- сты уыд. Ныр хъуамæ цин кодтаиккой дыууæ уарзон уды дæр æмæ бинонтæ иууылдæр. Хуыцауы фæрцы сæ хъуыддæгтæ нывыл цыдысты. Фæлæ адæймагæн, æвæццæгæн, йе сконд афтæ у, æмæ иудадзыг истæуыл хъуамæ хъуыды кæна, йæ къухы абон цы баф- тыд, уый йæм фаг нæ фæкæсы. Ноджы фылдæр æмæ хуыздæр- мæ тырны. Афтæмæй йын цы бæллиц сæххæст вæййы, уымæй кæронмæ æхцондзинад нæ банкъары, йæ удыдзаг нæ байрайы. Адон дæр сæ фыццаг куыстмызд райстой æмæ йæ не ’вдыстой,
фæлæ химид сæхицæй буц уыдысты - ныр нæхи дарын нæ бон у! Уый кæуылты хабар уыд æвзонг æмкъæйттæн. Æмæ сæ рай- гонддзинад тыхæй æмбæхсгæ, сæ дыууæ дæр сæ мызд Динæмæ æрбахастой. Фæцин кодта ус, раппæлыди сæ, фæлæ æхцатæ нæ райста: - Уæхи куыд фæнды, афтæ сæ хардз кæнут, хъæбултæ, мæнæн налдæр базармæ цæуынтæ у мæ бон, налдæр дуканитæм. Цы æрбахæссат, уымæй уын хæринаг цæттæ кæндзынæн. Æмæ та ам дæр Тамар равдыста арæхстдзинад - цæмæй ма- дæр Тамаз æмæ Дуду хатыдаиккой сæхи къæмдзæстыг æмæ мадæр Динæ тыхстаид, ахæм тæрхон рахаста: - Уæ иуы мызд хæрдæн æрæвæрут, уæ иннæйы мызд та - æвæргæ кæнут. Афтæмæй уын æртымбыл уыдзæн «капитал», - худгæ загъта ацы ныхас, - æмæ стæй, исты уа, æндæра бахардз кæнынæн цы хъæуы! - афтæ æнцонæй аскъуыддзаг кодта ацы фарст æмæ сын сæ зæрдæтæн æнцойдзинад радта. Тамазæн тынгдæр фæцыд йæ зæрдæмæ ацы хъуыды, фылдæр ныфсджынæй фæхатыд йæхи. Уый уымæ гæсгæ дæр бандæв- та хорзæрдæм лæппуйыл, æмæ, куыдфæстагмæ, йæ хъомыл- гæнджытæм тынгдæр æхсайдта йæ зæрдæ. Аххосджын кæй уыд сæ разы, уый дæр æм арфдæр бахъардта æмæ сæ, раст зæгъгæ- йæ, мысгæ дæр тынг кодта. Бекъуены рæвдаугæ хъæлæс «мæ хъулон лæппу» - иудадзыг йæ хъустыл зæлыд. Арæх афтæ дæр хъуыды кодта - «Уым цыдæр хабар æрцыд, æндæра мæ куыд- нæ фæрсынц кæм дæн, куыд дæн?» Æмæ ныр æхца куы бафтыд йæ къухы, уæд аскъуыддзаг кодта, цæмæй йæхæдæг ацыдаид, хатыр сæ ракуырдтаид æмæ сæ фендæй йæ мондæгтæ систаид. «Мæхи гыццийæн исты зæрдылдарæн балхæндзынæн, зæлдаг кæлмæрзæн кæнæ дзабыртæ. Куыд мын сфаг уа æхца, афтæ, - хъуыдытæ кодта лæппу æмæ нырма никæмæн ницы хъæр код- та^Дудуйæн дæр æй нæ фæндыд развæлгъау зæгъын, уæдта уый дæр бафæндыд рацæуын, уæд нæ рауайдзæн афтæ, нырма мæхæдæг бафæлварон, стæй фендзыстæм, цы зæгъдзысты, куыд мæ^айсдзысты». Ацы хъуыдытæй æртæ боны дæргъы йæ зæр- дæйы риссаг фарстытæн æнцой агуырдта æмæ цард та æнæн- хъæлæджы цаутæй цух кæм у - афтæ дæрдтыл хъуыдыйы сæр налбахъуыдТамазы...
Иу бон æмæ æхсæв кусгæ кодта, иу бон та - улæфгæ. Иемæ цы ацæргæ лæг куыста, уыимæ бадзырдта - иу бон дæ бæсты бакусдзынæн æмæ стæй та ды бакус, цæмæй мын хъæумæ ацæ- уыны фадат фæуа, зæгъгæ, стæй та дæ бæсты æз бакусдзынæн. Бадзырдтой æмæ, уыцы бон хæдзармæ куы æрбацыд, уæд йæ зæрды уыд - къæбæр ахæрдзынæн æмæ сын зæгъдзынæн, æз хъæумæ цæуын æмæ сом изæр ам уыдзынæн. Фæлæ хæдзары йæ фыдыхойы æрдиаггæнгæ æрбаййæфта, сыхаг устытæ йæ уæлхъус лæууыдысты æмæ уыдон дæр сæ цæссыг калдтой. Лæп- пу фырæнæнхъæлæджы хабарæй сдзурын дæр нал сарæхст, фæ- лæ йыл Динæ куы сæрдиаг кодта: «Фесæфтæн, хъæбул, мæ иу- нæг æфсымæрæй дæр афтид аззадтæн», - уæд чысыл-ма ба- хъæуа, йæ зæрдæ бахъарм уыдаид. Стъолыл телеграммæмæ фæкомкоммæ: «Ладик фæзиан, хуыцаубоны йæ æвæрæм». Ныт- тыхст йæ фыдыхойыл Тамаз æмæ ныккуыдта: «Мæ аххос у, мæ аххос у!» - хæкъуырцц кодта лæппу. Тамар æмæ Дуду дæр куы æрбацыдысты куыстæй, уæд уыдон дæр фæкуыдтой, стæй аскъуыддзаг кодтой: се ’ртæ хъуамæ ацы- даиккой абон. Дуду та хæдзаргæс баззадаид... Афтæ дæр бакодтой. ... Ладикæн, Тамаз æнæбафæрсгæйæ кæй ахъуызыд, уый ахæм цæф разынд, æмæ дыууæ боны дзыхæй дæр нал дзырдта. Уый никуы ахъуыды кодтаид, æрмахуыр уæрыккау кæй схъо- мыл кодта, уыцы къухылтухгæ, зондджын Тамаз афтæ бакод- таид. Æддæмæ ахизын дæр æм нал цыд æмæ фосæй-æндæрæй иууылдæр Бекъуены зилинаг фесты. Фæлæ дæ мадæн чызгæн бæззыс æмæ Ладикмæ афтæ мæстджынæй исты сдзур. Хæри- наг-иу æрæвæрдта æмæ-иу йæхæдæг йæхи айста куысты æфсон. Цæмæйдæр тарсти - исты мæ куы сирвæза, цы хуызы ацыд лæп- пу, уæд сар мæ сæр кæны æмæ дзы йæхи хызта. Ладик та фыр- мæстæй хæргæ дæр нал кодта æмæ ма йæ æрмæст ацы маст бау- ромын куы хъуыдаид, уæд, чи зоны, иуцалдæр боны фæстæ йæхимæ æрцыдаид. Фæлæ, дам, маст ноджы маст расайы йæ фæстæ, Тамазы ацыдæй æртыккаг бон сæ лæппуйæ фыстæг рай- стой æмæ сæм фыста: бæргæ, дам, дыууæ мæйы фæстæ хæдзармæ хъуамæ æрцыдаин, фæлæ, дам, Афганистанмæ бархийæ цæу- джыты æрвыстой æмæ æз дæр ме ’мбæлттæй фæстæ куыд баз- задаин. Маст, дам, ма кæнут, цы сахуыр кодтон, уымæй уæдæ кæм \
хъуамæ спайда кодтаин, - фыста хынджылæггæнгæ. Уый уыд æмæ бынтон сæрра Ладик. - Кæс-ма ацы куыдзмæ! Хынджылæг æм кæсы хæстмæ цæ- уын! Исчи ма æдылыйæ дарддæр йæхи цæхæры æппары!? Кæ- дæм цæуыс, кæй сæрыл тохмæ цæуыс, кæд дæ зонд дæхимæ ис, уæд? - нал æнцад лæг. Налдæр æм Бекъуены кæуын хъуыст, налдæр сыхагусы лæгъстæ: - Цы уæхи хæрут, æрмæст сымахæн нæ бакодта ахæм ми, уæртæ Сардитæн дæр сæ фырт хæдзармæйы бæсты, ахæм лæгау, хæстмæ ацыд. Афтæ сыл мастимæ баизæр. Фынгыл æхсæвæр ныууазали, фæлæ хæрын нæдæр сæ иумæ цыд, нæдæр иннæмæ. Бекъуен, цæстысыгкалгæ, къуымты рафт-бафт кодта, Ладик та йæ сæр йæ дыууæ армы ’хсæн нылхъывта, афтæмæй фынджы цур æдзæ- мæй бадти. Фæсахсæвæртæй ахызти, афтæ мæстæйдзаг хъæ- лæсæй усæн загъта: - Арахъхъ-ма рахæсс фынгмæ. - Æмæ дын куынæ бæззы, - чъызгæйæ бакодта Бекъуен, фæлæ йын йæ цæсгоммæ куы бакаст, уæд бамбæрста, æвæццæгæн, йæ мастæн æндæр ницы хос æрымысыд, зæгъгæ, æмæ скъаппæй арахъхъы авг æмæ агуывзæ райста, фынгыл сæ æрæвæрдта æмæ йæхæдæг дæр æрбадти. Ладик æнæдзургæйæ байдзаг кодта агуывзæ æмæ йæ цæ- рæнбонты фыццаг хатт не скуывта, афтæмæй йæ иу схæстæн анызта. Карз уыд арахъхъ, дыууæуагъды. Арахъхъ ацыд хурхы æмæ цыма тæвд цæхæр ныккалд йæ афтид ахсæны, афтæ йын ссыгъди. Кæрдзынæй иу комдзаг акодта, аууылдта йæ æмæ йæ тыхæц,аныхъуырдта. Ахсæн уæд дæр йæ судзынæй не ’нцад. Сæр дæр рыст. Сыстад æмæ диваныл æд дзаумæттæ уæлгоммæ ба- хауд. Зæрдæ куы фыртагъд тыррыкк-тыррыкк кодта, куы та-иу бынтон фенцад. Бекъуен ыл хъæццул æрæмбæрзта, стæй йæ- хæдæг дæр йæ уатыл æрхуыссыд. Лæг цыдæр зæгъынмæ хъавыд, архайдта йæ тых, йæ бонæй, фæлæ цæмæндæр хъæлæс хъуырæй уæлæмæ нæ хызт. Рабады- ныл дæр ацархайдта, фæлæ нæ баци йæ бон. Буар цыма бандзыг, иæ коммæ нал каст, налдæр цонг, налдæр къах атилын нал баци иæ бон.
Сбони. Бекъуен сыстад, лæг æнæфезмæлгæ хуыссыд æмæ - «уадз баулæфа, райсомы зылдтытæ мæхæдæг бакæндзынæн», - ахъуыды кодта хинымæр æмæ æддæмæ ахызти. Йæ куыстытæ фесты æмæ мидæмæ æрбахызт, мигæнæнтæ æхсын райдыдта æмæ къусты дзыгъал-мыгъулмæ дæр куынæ хъал кодта лæг, уæд куыддæр йæ зæрдæ фæкъæпп кодта, бауади йæм æмæ... Лæ- гæн йæ цæстытæ гом, йе ’фсæр дæлæмæ æппæрст. - Ладик, Ладик! - къухæй йæ асгæрстон, хъарм уыд, фæлæ дзургæ не скодта. Бамбæрстон мæ Хуыцауы цæф, æррайау ра- уадтæн кæртмæ, сыхæгтæм хъæр кодтон, фесæфтæн, зæгъын. Æрбакалдысты, тагъд æххуысмæ адзырдтой, æрбацыдысты æмæ йæ аластой. Фæлæ ницыуал - дыууæ боны фæцархайдтой дохтыртæ, ницы йын сæ бон баци, фæци æнæсдзырдыбонæй, мæгуыр, - кæугæйæ радзырдта Бекъуен Ладикы сæфты хабар. Æмæ йæ кæд нæ фæндыд, нæдæр йæ зæрды уыд ацы хъуыды, уæддæр дзы йæ фырдудгæбонæй сирвæзт: - Фæлтау мæхæдæг куы фæдзыхъмард уыдаин æмæ дæу уæддæр куынæ ауагъта- ин, мæ лæппу. Ацыд ныр афтæ зæрдæскъуыдæй æмæ баззадтæн цыппар къуымы ’хсæн иунæгæй. - Нæй, гыцци, нæй! Нал дæ ныууадздзынæн, нал! - ныббогъ- богъ кодта Тамаз æмæ йыл ныттыхсти. Уыцы цыппар боны, цалынмæ мард уæлæуыл уыд, хæдзары адæмæй базмæлæнтæ нæ уыд - цыдысты хæстæгæй, хионæй, сыхагæй, æхсæвбадæнтæ кодтой æмæ Ладик йæхæдæг куыд лæггадгæнаг уыд, ахæм лæггад, ахæм кад ын скодтой. Тамаз уыдта йæ фыдыфсымæры мардыл адæм куыд хъынцъым код- той, куыд архайдтой ирон æгъдау, ирон кадимæ йæ арвыста- иккой йæ фæстаг фæндагыл æмæ ныр кæд хæдзары иунæг нæлгоймагыл нымад цыд - тагъд йæ æвддæс азы йæхирдыгæй фæуыдаиккой, уæддæр афтæ ныргъæвсти, маст, тас æмæ йæ азымы æнкъарæн афтæ сбастой, æмæ йæхи æнæбон сабийау ха- тыд. Цыма йæм æрмæст катай хауд, æндæр ницы - фезмæлынæн нал уыд. Æмæ йæ Бекъуен æмбæрста цы дудгæбоны арты сыгъд йæ хъулон лæппуйæн йæ æвзонг зæрдæ. Куыддæр ын-иу фадат фæци, афтæ-иу æй къæбицмæ бакодта æмæ йын тыхæй къæбæр ахæрын кодта, лæгъстæтæй-иу æй фæхъуыртхъом кодта, тарст ын, фырмæстæй мын мацы кæна, зæгъгæ. Маст та йæхион код- та, лæппу уыйбæрц азымджынæй хатыд йæхи Ладикы амæлæты
хъуыддаджы, æмæ йæм цард ницыуал каст. Йæ митæ йæм цыдæр æлгъаг æркастысты - «цæй уарзондзинад у уый та? Цытæ ба- хастон мæ сæрмæ, цы æнæсæрфат, æдылы митæ бакодтон? Цæ- мæн мæ хъуыди ускурын? Цæмæннæ байхъуыстон Ладикмæ? Ныр куыд цæрдзынæн, куыд сраст кæнон мæхи? Мæрдтыбæсты дæр мын нæ ныббардзæн, фыды бынаты мын чи уыд, чи мæ схъомыл кодта, уыцы сыгъдæгзæрдæ Ладик...». - Ацы хъуыдытæ йын йæ сæры зонд хæццæ кодтой. Куы та-иу Дудуйы азымджын кодта, цæмæй йæхи сраст кодтаид, фæлæ йын-иу фæтæригъæд кодта хинымæры - уый та цы аххосджын у? Стæй та-иу йæ цæс- тытыл ауадысты сæ бауарзты фыццаг бонты нывтæ - æз рай- дыдтон, æз уыдтæн гæнæг æви уый. Æз нæ! Фыццаг уый рай- дыдта дзырдæппарæнтæ, цæстныкъуылдтæ, мидбылхудтытæ... Æмæ стæй æз дæр нырма хъазгæйæ, стæй зæрдæ æнæ уый нал лæууыд... фæлæ уыцы æхсæвы худинаджы ми куынæ æрцыдаид не ’хсæн, уæд... Нырма мард уæлæуыл уыд, нырма уымæн хъуыд æгъдау раттын, ууыл хъуыдыйы бæсты та лæппуйæн ахæм æнахуыр мæстджын сагъæстæ æхсыдтой йæ уд. Æмæ-иу ын мæсæллæй куы кодта æрбацæуæг, уæд-иу цыма тар фынæйæ фехъал, ахæм каст-иу æм кодта. Цыппар бон æмæ æхсæв ныддаргъ сты - цæс- сыг æмæ додой зынсфæразæн сты æмæ сæ хъыг кæны лæг, æн- дæра цæлы фынгыл бадгæйæ, къуыритæ дæр тагъд тæхынц. Бавæрдтой Ладикы. Адæм фæцыдысты сæ фæрныг хæдзæрт- тæм æмæ бинонтæ æнæхæдзарыхицау куы аззадысты, уæд Та- мазмæ афтæ фæкаст, цыма бæстыл цъиуызмæлæг нал и, хæдзар афтид, хасты хуызæн, къултæ цыма æмырæй дзыназынц... Уыцы æхсæв тæвд радта лæппумæ, дзæгъæл дзырдта, куы-иу рабадт сынтæгыл æмæ куыдта, куыдта сабийау, мæгуыр, зæр- дæхалæн куыдæй. Бекъуенæй Ладик æрбайрох. Цы ма бакод- таид, уымæн ницы зыдта. Йæ цуры бадгæйæ сыл сбони усты- тæн. Райсомæй дохтыры æрбакодтой. Куы йæ басгæрста, уæд сæ æрсабыр кодта: æвирхъау стыр масты фæстæ афтæ дæр вæй- иы, нервтæ сызмæлыдысты, ма тæрсут, мæнæ йын хостæ бадар- дзыстæм æмæ йæхимæ æрцæудзæн, зæгъгæ... Иу къуыри фæ- хуыссыд афтæ, йæ бон уатæй растын нæ уыд, нæдæр хæргæ, нæдæр дзургæ. Сæррамæ ницыуал хъуыд Бекъуены.
Тамар иунæгæй куы ныццыд хæдзармæ, уæд æй Дуду нæ ба- фарста, Динæ æмæ Тамаз цæмæннæ æрцыдысты, уымæн æмæ зыдта, мардæн дыккаг бон дæр, сабат бонты дæр лæггад хъуыди æмæ сын нырма рацæуæн кæй нæ уыдзæн. Сæ дыууæ дæр цы- дысты куыстмæ æмæ, хæдзармæ æрбацæугæйæ, сæ дзырды сæр æрмæст Ладикы æвирхъау мæлæт уыд. Афтæмæй сыл бонтæ ныддаргъ сты. Хъæуæй ницы хабар хъуыст æмæ Дудуйæн йæ зæрдæ цыдæр æвзæрæнхъæл æлхысчъытæ кодта. Фынтæ дæр æй сдыгъуырццæг кодтой æмæ-иу сæ Тамарæн куы радзырдта, уæд-иу ын сæ уый худæджырдæм рафæлгъуыдта. - «Дедтæ дæ гуыбыны цы маймули тæлфы, уый дæ фынæй кæнын нæ уа- дзы æмæ аргъæуттæй дæ сæр байдзаг». Дуду та худыны зæрдыл нæ уыд - рæстæг куыд цыд, афтæ рæзти, йæ хуылфы цы ног уд тæлфыд æмæ ацы хабар иуæй цины хос уыд, иннæмæй та йæ тасæйдзаг сагъæсы хызы тыхта. Сæ фембæлдты рæстæджы сæ зæрдæты цæхæркалгæ монцты ахæстыуæвæг æвзонг чызг æмæ лæппу кæм хъуыды кодтой, цы расайдзæн йæ фæстæ ацы расыг- гæнæг монцы батайын. Æмæ дыууæ уды баиуæн кæд сæ разы ницы цæлхдур фæци, кæд сæ цард раст ацыд, уæд уарзты фæс- тиуæгæн цы ног уд райгуыры, уый царды цины цыкура у. Сыл- гоймаг йæхи мадæй банкъара æмæ нæлгоймаг та фыдæй, уый Хуыцауы стырдæр лæвар у адæймагæн. Дыууæ уды а бæстыл се ’гасæй æгъуыстагдæр тагæй чи бæтты, уый у сывæллон, ног удгоймаг, уды рæсугъддæр рарттывд. Ацы æрдхæрæйнаг мини- уæг алчи нæ фембары йæ фыццаг бонты, уæлдайдæр хæрзæв- зæнгтæй чи баиу вæййынц, уыдон. Æмæ стæй æруадзынц ахæм рæдыд, кæцыйæн рараст гæнæн нал вæййы æмæ цæргæ- цæрæнбонтæм дудаг хъæдгомæй баззайы адæймаджы зæрдæйы. Нæ ахъуыды кодта Дуду дæр уыцы æхсæв афтæ дæрдтыл. Ахъуыды кæнын та цы хонæм, уарзты уылæнты аныгъуылгæ дыууæ уды сæрмæ сæ кæрæдзийæ бафсæдыны йеддæмæ цы хъуамæ æрцыдаид. Ныр гуыбыны саби тæлфы... Амонд у æви æнамонд?.. Æхсæв аргъæутты дунейы цард Дуду, бонæй та тасæйдзаг хъуыдыты малы хуыдуг кодта: куыд уыдзæн, цы уыдзæн? Æртыккаг сабаты Тамар ацыд хъæумæ. Тамазы афтæ рын- чынæй куы ныййæфта, уæд хорзау нал фæци. Уый æнхъæлдта Тамаз æмæ Динæ æртæ сабаты балæггад кæндзысты. Бекъуе-
нæн дæр семæ фенцондæр уыдзæн йæ фыццаг бонты цæф æмæ стæй рацæудзысты. Дыууиссæдзæмы та иумæ ныццæудзысты. Ныр хъуыддаг æрмæст Тамазы рынчыныл куы уыдаид баст, уæд ма йын цы уыд. Адæймаг рарынчын, цас диссаг у, радзæбæх та уыдзæн, уæдæ куыд! Уыцы сабат дæр дардыл фынг æрæвæрдтой æмæ изæры адæм куы ацыдысты, уæд Тамар бамбарын кодта «мах дæр ацæуæм», зæгъгæ. Динæ йæхи рацæттæ кодта, фæлæ Тамаз йæ дæндæгты ’хсæнты ралæмæрста: - Нæй, Тамар, æз ардыгæй мæ къах нал авæрдзынæн... Чызгæн йæ цæстытæ астыртæ сты фырдисæй: - Цытæ дзурыс, лæппу? Кæдмæ кусдзæн уыцы зæронд лæг дæ бæсты? Стæйдæр, уды сымаг дæ куынæуал ис, уæд дохтыртæн дæхи ма хъуамæ фенын кæнай? Уыцы чызгæн дæр йæ цæстытæ ныуурс сты æнхъæлмæ кæсынæй! - иугæндзон сæ ранымадта Та- мар, цæй тыххæй нæй ам баззайæн Тамазæн, уыдон. - Загътон уын, æз ардыгæй никуыдæм цæуын... Уыцы чызг та... Уый дæр мæм мауал æнхъæлмæ кæсæд... Фæци, алцыдæр, фæци! - йæ кæуын тыхæй баурæдта лæппу, афтæмæй загъта йæ хъуыды, ныр æй цалдæр боны хъизæмарæй цы мардта, уыцы хъуыды. - Мæнæ лæппу, ды дæ зонд бынтон куы фесæфтай! Уыдон та дын цы ныхæстæ сты, цы ног хъуыдытæ дæм сæвзæрд, и? - дисгæнгæ сбустæ кодта Тамар æмæ йын йæ цæстытæм ныккаст. Афтæ æгæрон сагъæс, æдыхстдзинад æвдыста æмæ фæхатыд - амæн æцæг йæ хъуыддаг хорз нæу, ацы хъуыды, æвæццæгæн, абон не ’рцыд йæ сæрмæ, æвиппайды дзуапп ын нæу... Фæлæ цы зæгъон уыцы чызгæн та? Зæрдæхсайгæ уæддæр куынæ уаид, уæд ма, гъо, фæлæ исты куы кæна, куы февзæр уа, уæд тугтæригъæд нæ уыдзæн? Бекъуен дæр ын балæгъстæ кодта: - Ацу, мæ лæппу ацу Мæнæн ницы у, мæнæ сывæллæттæ уы- дзысты мемæ, ардыгæй цæудзысты скъоламæ, ды дæр-иу нæ абæрæг кæндзынæ. Тæригъæд у кæйдæр чызг. - Иæ кой мын мауал кæнут, - цыдæр хауд хъæлæсæй загъта лæппу æмæ йæхи айста дуармæ. Бинонтæ иууылдæр дисы бахаудысты, ай цы хабар у, цы йыл æРЦыд; афтæ куыд гæнæн ис, зæгъгæ? Уыцы изæр нал рацыды-
сты Динæ æмæ Тамар. Кæд соммæ йæ хъуыды аивид, зæгъгæ. Фæлæ баталынг, лæппу хæдзармæ нал æрбаздæхт, агуринаг фæ- ци. Сыхæгты дыууæ лæппу йæ сæ сæндоны кæрон хæрисы бын бадгæйæ ссардтой æмæ йæ ракодтой. Дыккаг райсом дæр æркой кодтой, мах цæуæм, ды цы хъуы- ды кæныс, зæгъгæ, ныр та йæм Динæ бахатыд, фæлæ нæ ра- куымдта Тамаз æмæ рацыдысты мад æмæ чызг. Фæндагыл бирæ фæхъуыдытæ кодтой, цы хуызы бамбарын кæной хабар Дуду- йæн æмæ та Тамар фæцарæхст, йæ мады бафæдзæхста: - Ды мацы схъæр кæн Дудуйæн. Æз ын зæгъдзынæн, дыу- уиссæдзæм бонмæ уым баззади, уæлмæрд аразинаг у, дурцыр- тæй, æндæрæй æмæ фæкæсын хъæуы, æрбæстон кæндзысты хъуыддæгтæ æмæ уæд рацæудзæн, зæгъын. Стæй уæдмæ кæд ис- ты рабæрæг уаид æмæ, чи зоны, йæхи æрæмбарид уыцы æдылы. Афтæ дæр бакодтой мад æмæ чызг, æцæгдзинад не схъæр кодтой Дудуйæн. Афтæ раздæрау аудгæ ахаст дардтой чызгмæ æмæ æнхъæлдтой, ницы фæхатдзæн. Фæлæ зæрдæ, æнæхайры зæрдæ, цыдæр æнкъардта, цыдæр æнæрафæлгъаугæ маст ын улæфт нæ лæвæрдта. Бонæй йын ницы уыд, куысты адæмы ’хсæн рæстæг тагъддæр цыд, фæлæ-иу æхсæв нал фæуд кодта. Нытътъанг-иу ис æмæ хуыссæг йе ’мгæрон нал цыд. Райсомæй- иу йæ сæр фыррыстæй тъæпп хаудта. Тамар æмбæрста, куыд маст кодта æнæдзургæйæ Дуду æмæ, йæ бон цы уыд, уымæй ар- хайдта йæ уавæр ын фæрогдæр кæныныл. Сæхи уатмæ йæ ра- кодтой, цалынмæ, дам, Тамаз æрцæуа, уæдмæ иунæгæй цæмæн хъуамæ хуыссай. Хæринаг дæр ын тыхæй хæрын кодта худгæ- хъазгæ: ныр ды дыууæйы бæсты хъуамæ бахæрай, цæмæй лæппу тыхджынæй райгуыра, лæппу кæй уыдзæн, ууыл дын хæснаг кæнын, - худти Тамар æмæ йæ цæмæндæр уырныдта, Дудуйæн лæппу кæй райгуырдзæн æнæмæнгæй. Æмæ йыл афтæ аудыдта, цыма мæнæ йæ кæстæр хо уыди. Афтæмæй дыууиссæдзæм бон дæр æрæввахс æмæ та Динæ æмæ Тамар хъæумæ рацыдысты, Дудуйы та хæдзаргæсæй ныу- уагътой. Ацыдысты æмæ фыццаг фендæй дæр фæхатыдысты мад æмæ чызг, Тамаз йæ хуыз кæй æрцахста, амæйразмæ йæ куыдæй ныууагътой, афтæ уонгуагъд сæм нал фæкаст, кæд мæллæг æмæ æрхуым уыд, уæддæр. Стæй ма сын Бекъуен дæр ныфсджынæй куы радзырдта: <®^с^!^ 374 -х^з^®>
- Фæхуыздæр мæ лæппу, фыццаг бонты мын мæ бындз атæ- хын кодта, фæлæ ныр, йæ нывонд мæ сæр, йе ’муд æрцыд æмæ раздæрау зæрдиагæй æрæвнæлдта хæдзарон куыстытæм, зæ- гъын ын ницы хъæуы. ^ Æмæ уæд мад æмæ чызгæн бынтон барухс сæ зæрдæ, ныфс сæ бацыд - ныр уæдæ æнæмæнгæй рацæудзæн немæ æмæ уы- цы чызгæн дæр йæ зæрдæ радзæбæх уыдзæн, æндæра уый тæ- ригъæдмæ кæсын адæймагæн йæ бон нал у. Бекъуен лæппуйæ æппæлгæ бæргæ ракодта, фæлæ цы йæ зæрды ис, фæстæмæ Калакмæ аздæхдзæн æви нæ, уый кой не скодта. Æмæ дыккаг бон рацæуынмæ цалынмæ рарæвдз код- таиккой сæхи, уæдмæ Тамар хибарæй рацахста Тамазы, алæ-ма, цы йæ зæрды ис, базонон, дам æй. Къахæгау æм хинæйдзаг цæс- тытæй бакаст æмæ йæ рæвдаугæ хъæлæсæй бафарста: - Куыд у, нæ-иу нæ ’рымысыдтæ? - дзуаппы бæсты лæппу зæх- мæ ныккаст. Бамбæрста йын йæ хин фарст, кæй хъуамæ мысы- даид, уый кой йын барæй кæй не скодта æмæ йæ зæрдæ нык- кæрзыдта. Мысыд лæппу Дудуйы, куыднæ йæ мысыд, иу бон дæр ыл афтæ никуы баизæр æмæ йæ хъуыдыйæ фæхицæн уы- даид, фæлæ цас фылдæр хъуыды кодта æмæ лыстæггай барста сæ баиуы бонтæ, сæ рæдыд къахдзæфтæ, уас йæ зæрдæ маст æмæ хæрамæй тыппыр кодта. Уæлмæрды-иу кусджытимæ Ла- дикы ингæны алыварс æмбонд аразгæйæ иудадзыг йæ рустыл цæссыг лæдæрст æмæ йæ сæрæй нæ хицæн кодта, йæ зæрдæ йын цы æвдæрзта, уыцы риссаг хъуыды: «Мæхи Ладик абон удæгас уыдаид, æз ын йæ зæрдæ куынæ фæриссын кодтаин ме ’дылы, æнæрхъуыды митæй, уæд. Ацы цъыссымы та мæ Дуду баппæрс- та, уый мын схæццæ кодта мæ зонд, мæ адджын хъомылгæн- джытæй мæ стыдта...». Æвæццæгæн, адæймагæн йе сконд афтæ у æмæ цыфæнды ах- хосджынæй дæр йæхи растæй хъуамæ равдиса æмæ йæ рæдыд искæйы кæнæ истæйы æфсон фæкæна. Царды фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм ас адæймаг, чи зоны, афтæ ма бакæна - басæтта йæ рæдыдыл, зæгъа йæ, йæхæдæг кæй у аххосджын æмæ хатыр дæр ракура, фæлæ Тамаз нырма хæрзæвзонг уыд, иннæмæй та буц хъомыл - йæ сидзæры тыххæй йын алцы алыхатт барстой æмæ уымæ гæсгæ дæр йæхи алыхатт растыл нымадта. Ныр дæр æм афтæ касти - Дуду куынæ уыдаид, уæд ыл ацы хабар не ’рцы-
даид. Уымæ гæсгæ, йæхæдæг нæ, Дуду уыд аххосджын. Ахæм хъуыды сабийыл фидауы æрмæст æмæ кæд Тамаз нырма æвзонг уыд, уæддæр ускурынмæ йæ ныфс кæм бахаста, уым афтæ чы- сыл сабийау йæхи растыл нымадтаид æмæ йæ рæдыд æрмæст- дæр Дудуйы аххос фæкодтаид, уый кæй не ’мбæлд, уый дæр йæ зæрдæйы æрфыты æмбæрста, бæргæ йæ^æмбæрста, фæлæ æн- дæр хуыздæр хос ницы ардта йæ рыстæн. Йæхицæн уырнын код- та, Дудуйæ, дам, куы фæхицæн уаин, уæд цы æнæсæрфат ми ба- кодтон, уый мын бинонты ’рдыгæй барст уыдзæн... Æмæ Тамары фарстæн дзуапп куынал æмæ нал лæвæрдта, уæд уый афтæ фенхъæлдта, æвæццæгæн, æфсæрмы кæны, куыд рацæуа, Дудуйæн цы цæсгомæй фенын кæна йæхи æмæ афтæ æрхуымæй лæугæ лæппуйæн худгæ загъта: - Ма тæрс, нæ дæм фæхъыг и. Мæнæ ныццæудзыстæм æмæ дæхæдæг фендзынæ, куыд зæрдиагæй дæм æнхъæлмæ... Тамаз ын йæ ныхас фескъуыдта: - Мауал мын кæн йæ кой, мауал! Бамбарут мæ, æз нал ра- цæудзынæн, загътон уын! Фæци, алцыдæр фæци! - æмæ цæмæй ма скуыдтаид, фездæхт цæхгæр æмæ къæбицмæ балыгъд. Нал ацыд Тамар йæ фæстæ, хæдзармæ баздæхт æмæ уым Бе- къуен æмæ Динæйы дзургæ баййæфта: - Гъе, æмæ, дæ низтæ, бирæ йын фæлæгъстæ кодтон, фæлæ мæм нæ хъусы. Афтæ мын загъта - нал, дам, уарзын, ницæй тыххæй, дам, нал ацæудзынæн Калакмæ. Ныр та йæм æфсадмæ æрсидтысты, мæнæ дыццæджы ацæудзысты æфсæддон комис- сарадмæ æмæ Хуыцау йæ зонæг, кæдæм, кæцы ранмæ бахау- дзæн. Уыцы чызджы æз мæхæдæг афтæ æнæхъусдард нæ ныу- уадздзынæн, ай дæр уæдмæ кæд æрæмбарид... - уый Бекъуен дзырдта. Тамарæн йæ зæрдæйыл рæхуыстау сæмбæлдысты ацы дзырд- тæ: «æфсадмæ йæм æрсидтысты æмæ дыццæджы ацæудзысты æфсæддон комиссарадмæ...». Йæ мадмæ бакаст æмæ йæ афтæ æнкъард, мастгъуызæй куы суыдта, уæд ахъуыды кодта: «Исты ’рымысын хъæуы... Фæлæ кæдмæ сайдзыстæм мæгуыр чызджы? Æниу мæм афтæ кæсы, цыдæр хаты. А фæстаг бонты йæ кой дæр нал скæны, кæд æз исты зæгъын, уæддæр мæ цыма нæ фе- хъуыста, йæхи афтæ равдисы. Йæ мад æмæ фыдæн исты фехъу- сын кæнон æмæ йын ме ’рдыгæй хъыг куы уа, афтæ ма зæгъа,
схъыг дзы стæм æмæ архайæм, цæмæй дзы фервæзæм. Нæй, йæ- хи бар уал æй бауадзæм...». Ныццыдысты Динæ æмæ Тамар хæдзармæ æмæ сын Дуду дуар куы бакодта æмæ семæ Тамаз куынæ разынд, уæд йæ зæрдæ йæхи къултыл бахоста, цæсгом афæлурс, фæлæ афæрсын дæр нал бафæрæзта. Ныр кæронмæ бамбæрста, цы хъуыды кодта, уый æцæг кæй разынд. Цалынмæ йæхимæ æрцыдаид, уæдмæ Тамар фæцырд. - Афтæ! Ацы хатт дæр та куыстыты йæ хъуырмæ аныгъуылд уыцы лæппу! - йæхæдæг дæр ницы базыдта, куыд æрбалæу- уыдысты йе ’взагыл ацы ныхæстæ. - Нæ дæ хъæуы, нæ дæ хъæуы, дæ низтæ... - йæхи нал баурæд- та Дуду æмæ ныккуыдта. Динæ йыл ныттыхст, йæ риумæ йæ балхъывта æмæ йын йæ сæр лæгъзытæ кодта: - Ма ку, хъæбул, ма ку! Кæд ’рымбарид йæхи. Банхъæлмæ кæ- сæм, æфсадæй куы ’рыздæха, уæд бамбардзæн йæ рæдыд... «Кæсыс, мæгуыр уа дæ бон, мæнæйуый, афтæ ацыд æфсадмæ, хæрзбон дæр мын нæ загъта... - ахъуыды кодта Дуду - хорз, уæ- дæ. Æз дын фенын кæндзынæн», - бартхъирæн кодта йæ мид- зæрды, фæлæ, цы сараздзæн, цæмæй йын бафиддзæн йæ гадзра- хат, уый нæма зыдта! Уыцы изæр æнæадæн бахордтой сæ къæбæр, цай бацымдтой æмæ схуыссыдысты, дзурын сæ никæмæ цыд. Дзуринæгтæ сын бирæ уыд, фæлæ хъæдгоммæ бавналынæй сæхи хызтой. Чысыл рæстæг уæддæр хъуыд, цæмæй фыццаг риссаг цæф фæкъуырма уыдаид. Стæй маст райсыны фæстæ фенцондæр уыдаид дзу- рын, куыд бакæндзысты, куыд хуыздæр уыдзæн, ууыл ахъуыды кæндзысты, - афтæ Тамар дзырдта йæхинымæры. Дуду та... Райсомæй Тамар, куыд-иу зыдта, афтæ, хъæлдзæгæй растад, худæг анекдот дæр æрбалæууыд йæ зæрдыл, фæлæ Дудуйы уат афтидæй куы ауыдта, уæд фæкуыддæр, ай мæ разæй кæд стади, зæгъгæ, æмæ йæ иннæ уаты ацагуырдта, уый та - Дуду - балкъо- ны кæрон лæууыд, йæ иу армы тъæпæн йæ гуыбыныл æвæрд, иннæ къухы та цыдæр чысыл хосы авг, афтæмæй цыма цæмæ- дæр хъусы, джихæй кæсы. Тамар æй куы ауыдта, уæд æм тарст- гъуызæй бауад: - Циу, цы аразыс ам?
Дуду йæм æнæсдзургæ скаст, йæ къухмæ йын бавнæлдта æмæ йæ йæхи гуыбыныл авæрдта... Сывæллон змæлыд... Куы иу ран, куы иннæ ран-иу гуыбын ракъуыпп и. Тамар ын йæ къухæй хосы авг стонæгау кодта æмæ йæ кæрт- мæ фехста: - Æдылы! Абон гуырæн хæдзармæ ацæудзыстæм! Басгарой дæ хъуамæ æмæ дæ регистрацийы ауадзой. Базоной, цас цæуы ацы маймулийыл - рæвдаугæ загъта цæстысыгкалæг Дудуйæн æмæ йæ æрбахъæбыс кодта. Куыстмæ уал ацыдысты сæ дыууæ дæр, сæхи ракуырдтой æмæ стæй гуырæн хæдзармæ бацыдысты! Федта йæ дохтыр æмæ йын бауайдзæф кодта, кæм уыдтæ нырмæ, цæмæннæ искуы æр- бацыдтæ, зæгъгæ? Сывæллоныл авд мæйы цæуы, дыууæ къуы- рийы фæстæ та, дам, æрбацæудзынæ. - Кæсыс, кафынтæ дæр уымæн систа, тагъд, дам, хурмæ ра- цæудзынæн, - хъазгæйæ йын загъта Тамар, куы рацыдысты хæ- дзармæ, уæд. Дуду та сдыгъуырццæг: «удæгас у, авдмæйдзыдтæй, дам, гуыргæ дæр ракæнынц æмæ цæрынц... Амæн ницыуал гæнæн ис... Раздæр хъуыд исты ’рымысын, фæлæ цæмæй зыдтон афтæ мæ æнæхицауæй фæуагътаид, уый куыд ахъуыды кодтаин...». Дыууæ къуыри дæр рацыд æмæ та йæ Тамар ракодта кон- сультацимæ. Гуырæн хæдзары къæлидоры сывæрджын сылгой- мæгтæ рады лæууыдысты. Дуду дæр æрбадт бандоныл. Иуцас- дæр рæстæджы фæстæ дохтыры кабинетæй медхо рахызти - кæй рад, дам, у, уый, дам, рахизæд æмæ Дудумæ фæкомкоммæ, ба- зыдта йæ æмæ фырдисæй йæ цæсгом айтынг. Бацыди йæм. - Æй, Дуду фæуай, Дуду! - атыхсти йыл æмæ йæ фæрстытæ систа, кæм дæ, куыд дæ? Дуду та, мæгуыр, фыртыхстæй, фырæф- сæрмæй цыма йе ’взаг аныхъуырдта, сдзурын йæ бон нал уыд - йæ разы сæ сыхаг Къатины чындз Ленæ лæууыд! Уый куы зыдтаид, ам ыл зонгæ сæмбæлдаид, уæд йæ къах дæр не ’рба- вæрдтаид. Ныр цыдæртæн сдзуапп кодта, фæлæ цы дзырдта, уы- мæн йæхæдæг дæр ницыуал æмбæрста. Уыйхыгъд Тамар фæ- цырд æмæ ацы тыхст уавæрæй фервæзын кодта Дудуйы, усæй хатыр ракуырдта, тагъд, дам, кæнæм æмæ, кæд гæнæн ис, уæд нæ куы ауадзис. Уый Дудуйы цонгыл фæхæцыд æмæ йæ иннæты
разæй бакодта дохтырмæ. Тагъд æй фæстæмæ дæр ракодта хъæлдзæгæй. - Алцыдæр дзæбæх у, кæд исты, уæд æз ам дæн, тæрсгæ ма кæн, - ныфс ын бавæрдта æмæ сæ дуары онг рафæндараст кодта. Дуду чысыл алæууыд æмæ йын лæгъстæгъуызæй ныллæг хъæлæсæй загъта: - Ленæ, хъæумæ куы ацæуай, уæд мæ ма схъæр кæн.. - Хорз, дæ низтæ, афтæ уæгъддзыхæй мæ зоныс? - Сом дæм ардæм куы æрбацæуон, уæд... - ноджы ныллæгдæр хъæлæсæй йын загъта Дуду, Тамары цъус дæрддзæф алæугæ куы федта, уæд уый бамбæрста, цæуылдæр кæй тыхсы æмæ йæ æххуыс кæй хъæуы æмæ йын разыйæ афтæ: - Хорз, æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн, - æмæ фæхицæн сты. - Фыццаг фендæй дзы афтæ цæмæн фæтарстæ, хорз ус мæм куы зыны мæнмæ, уæд? - бафарста йæ Тамар. - Зоныс, Тамар, нæ сыхаджы чындз у. Хорз адæймаг у, фæлæ хъæумæ куы ацæуа, æмæ мæ ам кæй федта, уый куы зæгъа, уæд куыд рауайдзæн хъуыддаг. Мæ бинонтæ афтæ зонынц, цыма кæмдæр Уæрæсейы стæм, цæмæй нæ ма æрцагуырдтаиккой, афтæ уымæн ахъæр кодтам. Ныр куы базоной, уæд... Нæ зонын, фæлæ тынг стыхстæн... Æниу уый куы зыдтаин, афтæ фыдæн- хъæл мæ фæкæндзæн, уæд... - скуыдта та Дуду. - Цæй, мауал хæр дæхи. Алцыдæр дзæбæх уыдзæн, - сабыр æй кодта Тамар. Дыккаг бон Дуду куыстмæ нæ ацыд, Тамарæн загъта, мæхи, дам, æвзæр хатын. Тамар ацыд куыстмæ æмæ Дуду та, иуцъус рæстæг рацыд, афтæ гуырæн хæдзармæ Ленæмæ ратагъд код- та. Сæмбæлдысты, хъæуты хабæрттæй бафарста Дуду Ленæйы, куыд^сты, цытæ дзурынц æмæ дзырд дзырды расайдта - æмæ Дуду йæхæдæг дæр æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ йæ мæстытæ иу- уылдæр фæдзырдта усæн, уый дæр ма йын загъта, лæппу йæ кæй ныууагъта, ныр кæйдæр бинонтимæ кæй цæры æмæ йыл кæд зæрдæиæ сты, уæддæр кæдмæ уыдзæн семæ, кæнæ, сывæллон куы райгуыра, уæд куыд кæндзæн, куынæ куса, уæд æй куыд схъомыл кæндзæн. Фырдудгæбонæй дзы уый дæр сирвæзт - ахæм ми мын чи бакодта, уымæн мæ йæ сывæллон дæр нæ хъæ- уы, гуыбынмæ дæр æм мæсты кæнын. Ныр дæр мæ алы уысм мæ рæдыд æргæвды, куы райгуыра, уæд та - фыддæр. Нæй, химары-
ны йеддæмæ мын хос нæй. Кæдмæ æмбæхсон, æд лæппын та мын мæ мад, мæ фыдмæ ныццæуæн нæй, - йæ цæссыг нæ урæдта Дуду. Чызджы тæригъæдæй Ленæйæн дæр йæ зæрдæ суынгæг. Бам- бæрста йын йæ зын уавæр æмæ йын ныфсытæ бавæрдта: - Маст ма кæн, иунæг дæуыл не ’рцыд ахæм хабар. Ницы дæр дзы химаринаг ис, ма æфхæр дæхи, æндæра дæ æнæниздзинад дæр тæссаг уавæрмæ æрцæудзæн æмæ гæнæн ис, сывæллон дæр исты кæна. Цæй, дзæбæхæй уал фервæз, стæй исты ’рымыс- дзыстæм. - Цы хъуамæ ’рымысæм, куы райгуыра, уæдмæ... - Кæд сывæллоны тыххæй фылдæр мæт кæныс, уæд уæгъды... Махмæ афтæ арæх вæййы æмæ ныййарынц, кæд сæ нæ хъæ- уы сывæллон, уæд æй ныууадзынц, афтæ, бархийæ... Нал æй ахæссынц... - Æмæ стæй куыд? - бадис кодта Дуду. - Стæй цы, сывæллæтты хæдзармæ йæ радтæм. Уым хъомыл кæнынц ахæмты, кæд искæй хъæуы, уæд æй йæхицæн ахæссы, æнæзæнæг бинонтæ дæр бирæ ис... Афтæ, мæт ма кæн, куы дын зæгъын, дзæбæхæй уал фервæз, ницы ис уым ахæмæй. Цу ныр хæдзармæ. Ууыл ахицæн сты æмæ рацыд Дуду катайгæнгæ: «Цæмæн мын афтæ дзуры Ленæ: «дзæбæхæй уал фервæз»? Гæнæн ис æмæ исты ахæмæй æрцæуа? Тæссаг у, æвæццæгæн, аргæ-арын куы амæлон, нæ?.. Кæд амæлон, уæд ноджы хуыздæр, афтæ мын хъæуы! Худи- наггæнæг! Æмæ кæд йæхинымæры мæлæты тæрхон рахаста йæ- хицæн, уæддæр кæй фæнды мæлын? Амæйразмæ дæр куы афæл- вæрдта, фæлæ Тамар йæ уæлхъус февзæрд... Æмæ йæ аирвæзын кодта. Æви йæ гуыбыны чи тæлфыд, уый йæ баурæдта - мæхи ма- рын æмæ ма ноджы æндæр уды дæр...». Цыд сындæг къахдзæф- тæй, хъуыдытæ йæ сæры кæрæдзи ивтой æмæ цыдæр æнахуыр сусæг ныфс, йæхæдæг дæр дис кодта, кæцæй, цæмæй æвзæрд йæ зæрдæйы: дзæбæх уыдзæн алцы, дзæбæхæй аирвæздзынæн... Бонтæ куыд цыдысты, афтæ Дуду хатыд, гуыбын дæлæмæ- дæлæмæ æрæнцад æмæ цыма сывæллон нал змæлыд. Тас дзы бацыд - гуыбыны куы амæла, уæд куыд? Æмæ Тамарæн радзырд- та йæ уавæр. Уый дæр æй æвиппайды консультацимæ скодта. Басгæрста йæ дохтыр æмæ йæ дызæрдыггæнгæ бафарста: - Исты уæззауыл кæд не схæцыдтæ!
- На, нæйы, - загъта Дуду æмæ уыцытæккæ йæ зæрдыл æрба- лæууыд - ибонты Динæ уазалгæнæныл куы архайдта, иннæ къулмæ, дам, æй баласон, цæмæй фынгмæ иу бандон бавæрæн уа, исчи нæм куы фæвæййы, уæд дзы æрбадæн нал вæййы, зæгъгæ. Æмæ йын æххуыс кодта. Динæ йæ нæ уагъта, дæуæн нæй гæнæн, мæхæдæг æй бафалдæр кæндзынæн, айс, дам, дæхи. Фæлæ цы йæ сæры фæкуысси - сæнцади йыл иннæрдыгæй æмæ йæ сæвæрд- той. Æцæг уæд ницы фæхатыд, нæдæр æм афтæ уæззау фæкаст. Ницы схъæр кодта, нæдæр дохтырæн æмæ нæдæр Тамарæн. Фæ- лæ йын дохтыр куы загъта, ам хъуамæ баззайай, арынмæ дæ бирæ нал хъæуы æмæ сывæллон кæй не змæлы, уый дызæрдыггаг у, схуысс, хъусдарды бын уыдзынæ, цы хъæуы, уый дын алцыдæр сараздзыстæм, зæгъгæ, уæд хорзау нал фæци! Тасæйдзаг цæс- тытæй скаст Тамармæ. Уый йын, цыма дзы ницы ис тæссагæй, ахæм хуызæй загъта: - Схуысс рынчындоны, тæрсгæ ма кæн, алыбон дæр дæм цæудзынæн æмæ дæ бæрæг кæндзынæн. Æндæр дзы цы гæнæн уыд, баззади уый дæр. Фыццаг æхсæв ын тынг фæзын, йæ цуры ма дыууæ сылгойма- джы хуыссыд, цалынмæ уыдонимæ базонгæ ис, уæдмæ æгомыгæй рафт-бафт кодта уаты. Дыккаг райсом æм Тамар дæр æрбацыд æмæ Ленæ дæр. Аирхæфстой йæ, дыргътæ йын æрбахастой. Аф- тæ цалдæр боны рацыд, хостæ дæр ын лæвæрдтой, дохтыр дæр æм йæ хъус дардта, сывæллон кæй не змæлыд, уый йæм хорз нæ каст, фæлæ ницы æвдыста. Дыууæ къуырийы фæстæ йын рыс- тытæ райдыдтой æмæ уыцы æхсæв радгæс медхоимæ Ленæ дæр баззади йæ цуры. Ныр ноджы нынкъард, старсти Дуду: уæгъды мын нæ дзырдта Ленæ: «Дзæбæхæй уал, дам, фервæз...». Æвæц- цæгæн, æвзæр у мæ хъуыддаг... Цы бакодтон ай, æнæхицауæй мæлдзынæн. Хъæугæ мын афтæ кæны, фæлæ мæ мад, мæ фыдæн, мæ бинонтæн кæуылты маст æрхастон. - Куыдта, хъæрзгæ куыд- та. Дохтыр ын тæригъæд кодта, йæ рыстытæ кæй нæ урæдта æмæ йын рæвдаугæ дзырдта, ма, дам, тæрс. Уый ма зона, чызгæн йæ зæрдæйы рыст ноджы зындæр бауромæн кæй уыд æмæ йæ цæссыг æнæскъуыйгæ уымæн кæй згъæлд йæ цæстытæй. Райсомырдæм стыр хъизæмæртты фæстæ райгуырд лæппу, фæлæ куыд вæййы, афтæ кæугæйæ нæ, хъыпп-сыпп дæр дзы нæ раихъуыст, афтæмæй. Дохтыр æй уыцы тæккæ реанимацион
палатæмæ акæнын кодта, асфиксиимæ, дам, райгуырд æмæ йын баххуыс хъæуы, чизоны æрчъица. Дуду дæр дзæбæхæй фервæзт, фæлæ дзæвгар рæстæг аззад рынчындоны, цалынмæ кæронмæ нæ радзæбæх. Ленæ та Тамарæн афтæ бамбарын кодта - сывæл- лон дам, мардæй райгуырд, фæлæ, дам, нырма Дудуйæн ма схъæр кæнæм, йæхæдæг, дам, куы радзæбæх уа, уæд æй зæгъдзыстæм. Афтæмæй та йæ сусæг хъуыды Дудуйæн раргом кодта: - Сывæллон дæр æрчъицын кодтой æмæ дзæбæх у ды цалын- мæ дæхимæ æрцæуай, уæдмæ йын иннæ æвгъæддон сылгой- мæгтæ дæттынц дзидзи. Ныр дæ кæд фæнды, уæд æй ам ныу- уадз, къухфыстимæ... Кæд нæ, уæд та мæм иу дзæбæх хъуыды ис, хъуамæ фæцæуа дæ зæрдæмæ, мæнмæ гæсгæ. Æмæ дын уый сæххæст кæнынæн дæр баххуыс кæндзынæн. - Цы, цы мын баххуыс кæндзынæ? - цымыдисæй йæм бакаст Дуду- - Нæ хъæуы цы æнæзæнæг ус æмæ лæг цæрынц, уыдоны ды дæр дзæбæх куы зоныс. Мадинæ æмæ Сослан, нæ сыхæгтæ куы сты. Мадинæ алыбон аргъуанмæ куы цæуы æмæ Мадымайрæ- мæн куы лæгъстæ кæны - сывæллон, дам, мын радт. Цæй, нык- кæнæм дæ лæппуйы æмæ йæ аргъуаны ныууадзæм, кæддæра йæ цингæнгæ нæ ахæсса! Дæу кæй у уый никуы бонты нæ базон- дзысты, дзырд дын дæттын. Чызг æм хъуыста æмæ йæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, старс- ти. Уый та куыд? Мæхи хъæумæ йæ куы ныккæнон, уæд æнæба- зонгæ цы баззайдзæн? Цæмæй тæрсын, уый мæ куы баййафдзæн... - Ленæ, базондзысты мæ, æвзæрдæр рауайдзæн - тарстгъуы- зæй сæппæрста Дуду - Дуду, æз алцыдæр развæлгъау дзæбæх сбарстон. Куы дæ ра- фыссой, уæд Тамарæн нæ фехъусын кæндзыстæм. Æд сывæллон дæ æз акæндзынæн, ды хæдзармæ ацæудзынæ, æз та сывæлло- ны æндæр машинæйыл, кæдæм хъæуы, уырдæм фæхæццæ кæн- дзынæн. Нæдæр ды разындзынæ, нæдæр - æз, нæхи никуы рав- дисдзыстæм. Дзырдгонд дæн, кæмæн хъуамæ арвитон сывæл- лоны, уыимæ. Ныккæндзæн æй, аргъуаны йæ ныууадздзæн æмæ аивæй йæ хъус дардзæн - цы бауыдзæн, чи йæ ахæсдзæн, стæй мын хабар радзурдзæн. Куыдфæстагмæ, бахъардта Дудумæ Ленæйы развæгъау æр- хъуыдыгонд хъуыддаг æмæ кæд дызæрдыг кодта, тарсти, уæд-
дæр сразы ис. Æниу ын æндæр хуыздæр гæнæн ницы уыд. Та- мар-иу ын бæргæ ныфсытæ æвæрдта, баххуыс, дам, дын кæн- дзынæн, иумæ, дам, æй схъомыл кæндзыстæм æмæ, Тамаз куы æрыздæха æфсадæй, уæд æй æрхъæудзæн цæттæ фырт, фæлæ йын æй нæ ратдзыстæм, - хынджылæгхуызæй йын-иу дзырдта, йæ мидзæрды та афтæ хъуыды кодта: æз Дудуйы зонын, уый цингæнгæ дæр ма бафидаудзæн йæ сывæллоны фыдимæ. Æмæ иу бон Дуду æнæсывæллон балæууыд хæдзары. Сы- вæллон мард кæй уыд, уый Динæ дæр зыдта æмæ Тамар дæр, фæлæ уæддæр фæдис Тамар. - Цæмæннæ мын фехъусын кодтай, кæй дæ рафыстой, бацы- даин æмæ дæ ракодтаин. - Мæхæдæг балæгъстæ кодтон дохтырæн, къуырисæры, дам, дæ афысдзыстæм афтæ мын куы загъта, уæд, зæгъын цæмæн ма мæ дарут ам, ницыуал мæ риссы, абон мæ ауадзут. Ленæ дæр сын загъта «Такси» дæр мын уый баххуырста, æмæ.. Цы ма загътаиккой мад æмæ чызг дæр. Сывæллоны кой дæр нал скодтой, йæ зæрдæ, ма, дам, ын цы риссын кæнæм. Динæ йæ- хи чызгау баузæлыд Дудуйыл æмæ раздæрау хъæрмудæй цар- дысты. Тамар куыстмæ куынал ацыд, уæд æй Дуду бафарста: - Абон къуырисæр куы у, куыстмæ цæмæннæ ацыдтæ? - Цæй куысты кой кæныс, дæ низтæ, ирæтты нал уадзынц куыстуæттæм, ссæрибар нæ кодтой... - Цæмæн? - йæ хуыз фæцыд Дудуйæн. - Диссæгтæ цæуы, диссæгтæ. Æз æмæ-иу ды куыстмæ куы фæцæйцыдыстæм æмæ уынгты та адæм митингтæ куы уагъ- той, куы сыл худтыстæм - адонæн, дам, ницы куыст ис, цы, дам, дзæнгæда цæгъдынц. Ныр ацы фæстаг дыууæ мæйы ноджы фæфыддæр сты. Сæрра та сты ацы адæм: «Гуырдзыстон æрмæст гуырдзиæгтæн!», - хъæр кæнынц, къултыл ахæм лозунгтæ ны- хасынц, хæдбардзинад, сæрибардзинад! - чи сæ хъыг дары цы цух сты, цæй сæрибардзинад агурынц, фæрсæг нæй. Нæ зонын, æз афтæ æнхъæлдтон, мæнæ иучысыл сæхи аирхæфсдзысты, ахынджылæг кæндзысты, адон та бæстæ афтæ сызмæстой, цы бауыдзысты, уымæн иу Хуыцау йæ зонæг. - Нæ директоры дæр ссæрибар кодтой? - æрхæндæггъуызæй та иæ бафарста Дуду.
- Нæма, фæлæ дзырд цæуы. Иуты фæнд афтæ у - иу ирон дæр ма хъуамæ баззайа куыстуаты, иннæтæ сæхи уромынц, дызæр- дыг кæнынц. Ибонты æмбырд ауагътой æмæ Маринæйы ныхмæ ничи рацыд - уарзынц æй æмæ сæхи баурæдтой, фæлæ æргомæй йæ фарс рахæцын дæр ничи бауæндыд. Фæлæ Маринæ йæ сæрмæ нæ бахæсдзæн, æгадæй рацæуа, гъеуал азы лæгау кæм фæкуыс- та кадджынæй, уырдыгæй. - Уæдæ?.. - Ды рынчын куы уыдтæ, уæд нæм уынынмæ æрбауади æмæ йæ ныхæстæй афтæ зынд, Мæскуымæ хъавы ацæуынмæ. Иæ чызг медалыл фæци скъола æмæ Ломоносовы номыл университетмæ бахауд - йæ мадау зондджын у. Уымæн йæ фæндæгтæ йæ мады фæрцы бæргæ гом сты, æз дзы аззадтæн мæгуырæй. Кæдæм фæ- цæудзынæн мæ гуырдзиаг дипломимæ, æниу ма йæ райсдзы- нæн... Маринæ та зондджын ми бакодта, мæ хур, йæ лæгæй куы рацыд, уæд йæ чызджы йæхи мыггагыл ныффыста, уырыссаг скъоламæ йæ бакодта æмæ ныр Уæрæсейы кæмфæндыдæр йæ бон у ахуыр дæр æмæ цæрын дæр. Ацæудзæн Маринæ дæр æмæ ахæм хъаруджын сылгоймаг у, дуры цъуппыл дæр фæдардзæн йæ сывæллоны. Мах цы бауыдзыстæм, катайаг уый у. Дуду Тамары афтæ ныфссастæй никуыма федта. Цыфæнды тыхст уавæры дæр хъæлдзæг дардта йæхи, алыхатт худæнбыл уыд. Æмæ ныр йæхæдæг дæр æрæнкъард Дуду кæй ныфс æй уыд, уый йæхæдæг уæззау уавæры куы бахауд, уæд æнæискæйы æххуысæй цы бакæндзæн? Куынæ кусæм, уæд цæмæй цæрдзыс- тæм, æртæ удæй Динæйы пенсийы капеччытæй? Стæйдæр, куыст куынæ ссарон, уæд мын ацы бинонтæ цы хæсджын сты æмæ мын сæ мæгуыры къæбæр дих кæной? Ме стыр ныфс Та- мар уыд - афтæ дæр ма мын куы дзырдта, изæры хайадмæ фæлварæнтæ ратдзынæ институтмæ æмæ, дам, мæнау бон кус- гæ, изæры та - ахуыр. Институт нæ, фæлæ мæ куыстмæ дæр куынæуал уадзынц. Ай циу, цытæ цæуы, æз хынджылæг цытæ æнхъæлдтон, уыдон æцæг куы разындысты... Цы хъауджы у, ирон дæн æви уырыссаг, æнæмæнг гуырдзиаг хъуамæ уон, цæ- мæй мын цæрын æмæ кусыны бар уа? Адæймаг сын ницыуал бамбардзæн... Хъуыдытæ æхсыдтой мæгуыр чызгæн йæ зæрдæ. Цæмæй зыдта ацы хабæрттæ знонæй кæй нæ цыдысты, фæлæ рагæй фæстæмæ сусæг-æргомæй Гуырдзыстон цæмæ тырныдта, уыцы
хъуыдытæн сын раргом кæныны фадат фæци. Зæххы къорийыл иууыл стырдæр æмæ тыхджындæр паддзахадæн, ССРЦ чи хуын- ди, 15 республикæйы иу фидар æмбар, æмуд, бирæнацион, хæла- радыл амад бæстæйæн иуæй-иу уæйгæнджыты фæрцы йæ бын- дур сызмæлыд æмæ аскъуыд уыцы фидар рæхыс, ныххицæнтæ ис. Гуырдзыстон рагæй фæстæмæ цæмæ бæллыд сусæг-æргомæй, уый сæххæст кæныны фадат ын фæци æмæ... III Рахицæн ис Гуырдзыстон Советон Цæдисæй. Уæрæсеимэе. баиуы фæстæ дыууæ æнусы дæргъы, фæнычы норст цæхæрау йæ удрæбын цы бæллиц дардта, уый сæххæст кодта. Уыйхыгъд ныккалд æнæвгъау бирæ туг. Сæ рæдыд къах- дзæфтæ расайдтой мидхæст æмæ кæрæдзи фæцагътой, нып- лырх кодтой горæтæн йæ сæйраг проспект æмæ бирæ историон нысаниуæджы бæстыхæйттæ. Ноджы æбуалгъдæр ми та Гуырдзыстоны цæрæг æндæр на- цитæн бакодтой. Фыдæлтæй фæстæмæ фæрсæй-фæрстæм цы адæмимæ цардысты, сæ цины дæр, сæ хъыджы дæр сæм æххуы- сы къух чи дардта, уыцы ирон адæмы «уазджытæ» рахуыдтой... Æмæ, дам, сын фаг у уазæгуаты уæвын, ныууадзæнт нын нæ зæхх... «Асыгъдæг кæнæм нæ зæхх æрцæуæггæгтæй!». - Радио, телеуынынад, газеттæ æрмæст ацы хъуыды парахат кодтой... Хотыхджын къордтæ та зылдысты æмæ ирæтты стыгътой, сæ фæллой сын тыхæй истой. Куыдфæстагмæ та сæ иргъæвæг нæ уыд æмæ бынтон хъаймæт самадтой ирон цæрджытæн - сырд- той сæ, цагътой сæ, сæ хæдзæрттыл сын арт æндзæрстой. Æмæ арвмæ æххæссыд судзгæ хæдзæртты фæздæг... Удæгасæй дзы чи аирвæзт, уыдон лыгъдысты, лыгъдысты алырдæмыты. Æмæ кæд уд адджын у æмæ мæлæтæй лидзын хъæуы, уæддæр лæг фæстæмæ дæр фæкæсы, йæ цæст ма ахæсса фæстаг хатт йæ цæрæнуатыл - æмæ сæ зæрдæты тугтæ тагъды- сты мæстæй, сæ цæрæнбонты хидфæллой сын фæнык фестын кодтой... Хъæутæ афтæ æгъатырæй кæм «асыгъдæг» кодтой «æцæгæ- лæттæй», уым хуыздæр бон горæты цæрæг ирæттыл дæр не
’ркодта. Нырма сæ сæ куыстытæй ссæрибар кодтой, стæй та сæм хæдзæрттæм лæбурын дæр райдыдтой, æртхъирæн сæм кодтой: «Цæугæут, æндæра цагъды баййафдзыстут». Бандитон къорд- тæ сарæх сты æмæ æдæрсгæ уынгмæ рахизæн нал уыд «уазджы- тæн». Кæмæн куыд йæ къух амыдта, афтæ архайдта æвыдæй аир- вæзтаид горæтæй. Сæ хæдзæрттæ-иу хæдтулгæйыл цингæнгæ ив- той, цæмæй сæ бинонты цæуыл акодтаиккой, уый сын уыдаид. Иу æхсæвыгон Тамартæм дæр фæзындысты æртæ хотыхджы- ны. Дуар ныххостой æмæ сæм Тамар куы ракаст, уæд æй иуæрдæм атъæпп кодтой, сæхæдæг, æвзæрдзыхæй дзургæ, балæгæрстой æмæ къуымтæ ракалдтой - æхца, сыгъзæрин агуырдтой. Рынчын зæронд ус уаты рабадти кæугæ: «ницы нæм ис, цы уын радтæм», зæгъгæ, æмæ йæ сæ иу автоматæй фæцæф кодта, стæй йæ уатæй раппæрста, йæ цæфæй туг калд, афтæмæй, æмæ йыл къахæй балæууыд, цы, дам, ныл ниуыс. Чызджытæ ныцъцъæхахст кодтой æмæ балыгъдысты Динæ- мæ. Уый йæ туджы амæхстæй астæрдыл уæлгоммæ хаудæй лæу- уыд æмæ Тамары æрдиагмæ се ’мкъул сыхаг ус æрбалыгъд. Ахæм ныв ауынгæйæ, уый дæр хъæр систа æмæ уæд лæбурджытæ сæ- хи айстой. Динæ райсоммæ фæци... Кæугæйæ базылдысты чызджытæ мардмæ. Стæй Тамар Ма- ринæмæ адзырдта, цы æнамонд хабар сыл æрцыд, уый йын те- лефоны загъта æмæ æрдæг сахатмæ уый дæр сæ уæлхъус æрба- лæууыд. Тынг фæмаст кодта, цыма йæ ныййарæг мад дыккагæй амард, афтæ йыл бандæвта ацы лæггадгæнаг æмæ уарзæгой зæрдæйы хицау сылгоймаджы мæлæт. Тамар кæугæйæ йæ сæр Маринæйы уæхскыл бакъул кодта æмæ йын загъта: - Ныр куыд кæнон, Маринæ, куыд бавæрон мæ мæгуыр мады, чи нæм фæкæсдзæн... Кæсыс, иу лæг дæр нæм сыхæгтæй нæ уæнды æрбацæуын. - Ма тæрс. Алцыдæр сараздзыстæм, - куыд зыдта, афтæ ныфсджынæй загъта Маринæ Тамарæн, - мæнæ ме ’фсымæрмæ адзурдзынæн æмæ, уый гæнæн куыд ис, æмæ мацы самал кæна. Маринæйæн йе ’фсымæр милицийы куыста, дæлбулкъон уыд, æмæ йын кæд йæ фыд, змæстытæ куы райдыдтой, уæдæй ныр- мæ цалдæр хатты загъта - ныууадз уыцы куыст, дæ пенси сараз æмæ æндæр исты куыстыл ахъуыды кæн, зæгъгæ, уæддæр Ле-
уан абоны онг йæ бынаты уыд. Æмæ ныр Маринæ уымæй ныфс авæрдта - æнæфæкæсгæйæ сæ куыд ныууадздзæн, хорз куы зыд- та ацы бинонты, йæ иунæг хо семæ куыд адджынæй царди уал азы. Æцæгдæр сын хионы æххуыс бакодта Леуан, марды чырын дæр æрбахаста, уæлмæрды бынат рахицæныл дæр бацархайдта, ингæн дæр скъахын кодта æмæ куыд æмбæлд, афтæ бавæрдтой мæгуыр Динæйы. Чысыл фынг дæр самал кодтой, рухс загътой. Æввахс сыхæгтæ дæр æрбацыдысты цалдæрæй æмæ æгъдау рад- той. «Чи нæ сызмæста, уымæн нæ тæригъæд дæр баззайæд æмæ Динæйы тæригъæд дæр», - цæссыгкалгæ загъта се ’мкъул сы- хаг зæронд ус. Иннæтæ дæр сæ сæртæ батылдтой мæстджынæй, фæлæ зæгъгæ ницы скодтой сæ кæрæдзийы тасæй - макæй цур мачи срæдийа - ироны мардыл кæй мæт кæнæм. Афтæ фæбад- тысты, мысыдысты Динæйы хорздзинæдтæ. Изæрæрдæм адæм куы ацыдысты, уæд фынг сæфснайдтой, къустæ ныхсадтой, хæдзар ныссæрфтой, æнæдзургæйæ, æмæ сын стæй Маринæ загъта: - Чызджытæ, æз ныр ацæуон хæдзармæ. Сымах тæрсгæ ма кæ- нут. Райсом уæм фæзындзынæн. Мæхиуæттимæ дæр æрдзурон, цы мын зæгъдзысты, цы хъуыды сæм ис, боныфæстагмæ, æмæ уæд аскъуыддзаг кæндзыстæм, сымах та куыд бакæнат, кæдæм фæцæуат. Афтæ - Хуыцауы æвджид уæ нæ ныууадздзынæн. - æмæ ацыд. Чызджыты ныфсимæ ныууагъта æмæ уыдон дæр чы- сыл сæ удыдзаг сулæфыдысты, махыл дæр аудæг ис, зæгъгæ. Маринæйы цалынмæ йæ куыстæй ссæрибар кодтаиккой, уæд- мæ йæхæдæг барвæндонæй рацыд - ныффыста куырдиат æмæ рацыд. Дзæбæх æй хатыд, адæм афтæ сызнæт сты æмæ йæ кæд раздæр нымадтой, кад ын кодтой æмæ дзы аргъуц дæр кодтой, уæддæр абон йæ фарс ничи рахæцыдаид бирæдæр сæ куы ба- фæндыдаид, кæрæдзийæ тæрсгæйæ, йæ сæрыл иу дзырд дæр нæ загътаиккой. Рацыд, йæ хæдзар ауæй кодта, æцæг асламыл, фæ- лæ сæфыны бæсты, афтæ пайдадæр уыд. Йæхæдæг йæ цæгатмæ рацыд рæстæгмæ. Тагъд йæ чызгмæ Мæскуымæ ацæуынмæ хъа- выд, чысыл цыдæртæ æрбæстон кæнын ма йæ хъуыд. Уæдмæ Динæйы дæр уыцы æнамонд хабар баййæфта. Ныр Тамарыл дæр хъуыд батыхсын æмæ исты æрымысын. Амæйразмæ зæронд лæг - Маринæйы фыд, разы уыд Мари- нæимæ Мæскуымæ ацæуыныл, фæлæ уæддæр дызæрдыг код-
та. Цыфæндыйæдæр де ’мтуг адæмимæ цæрын æнцондæр кæй у, уый дзæбæх æмбæрста æмæ йæ зæрдæ Дзæуджыхъæуырдæм фылдæр æнцади. Маринæйы та, йæ иунæджимæ фæндыд цæ- рын. Ныр хъуыддаг Леуаныл уыд баст - кæдмæ, дам, дызæрдыг кæндзæн, абон уа, сом уа, уæддæр ардыгæй фæлидзын хъæуы - ирон уæвгæйæ уымæ дæр хорзæй ницыуал æнхъæлмæ касти. Леуан та хæдзары бинонтæн нырма ницы схъæр кодта, фæлæ йæ Дзæуджыхъæуккаг æмгаримæ - йæ æмкурсонимæ дзырд уыд, цæмæй йын куыстыбынат бацагуырдтаид. Милицийы кусæг адæм хуыздæр зыдтой, ацы змæстытæ афтæ æвыд æмæ æнцо- нæй кæй нæ фæуыдаиккой æмæ развæлгъау ахъуыдытæ кодта Леуан - кæдæм акодтаид йæ бинонты, фæлæ цæмæй ма ахъæр уыдаид йæ хъуыды, уый тыххæй ницыдæр бинонтæн загъта æмæ куысты дæр йæхи афтæ дардта, цыма æппындæр никуыд- æм хъавы ацæуынмæ. Афтæмæй та алыбон дæр æнхъæлмæ каст, кæд ын фехъусын кæндзæн йе ’мбал. Гуырдзыстоны та бонæй-бонмæ уавæр фыддæрæй-фыддæр кодта. Афтæ нæ баизæр уыдаид, лæгмæрдтæ ма æрцыдаид. Ирæтты хæдзæрттæм лæбурын, стигъын, нæмын - иугъæдон хъуыддаг сси. Леуан-иу изæры куыстæй афтæ мæстæйдзагæй æрбацыд хæдзармæ, æмæ йæ бафæрсын^нал хъуыд - кæцыдæр ирон бинонтыл та цыдæр фыд æрцыд. Йæ бон куыд уыд, афтæ «закъонмæ гæсгæ» рæстдзинадыл архайдта. Ма йæ фæфиппай- ой, афтæ ирвæзын кодта йе ’мтуг адæмы, сæ къух сын арæзта, æххуыс сын кодта, цæмæй æвыдæй аирвæзтаиккой ацы хъай- мæтæй. Фæлæ афтæ скарз и уавæр æмæ иргъæвæн нал уыдйан- дитон къордтæн, иууылдæр «патриоттæ» фестадысты гуырдзы чысылæй, стырæй, сæ зæхх сыгъдæг кодтой, сæхицæй дарддæр цæрыны бар никæмæнуал лæвæрдтой. Фæстагмæ Маринæ æмæ Леуан афтæ бадзырдтой - бинонты уал Маринæ акодтаид Дзæуджыхъæумæ Леуаны æмгармæ, Ле- уан сæ Гуырдзыстоны арæнæй ахизын кодтаид, уый фæстæ йæ- хæдæг дæр, куысты йæ куыд ма фæхатой, афтæ ныццыдаид. Маринæ Тамарæн бамбарын кодта йе ’фсымæры хъуыды, сра- зы йæ кодта, ардыгæй уал аирвæзтаиккой, стæй уым исты хостæ кæндзыстæм, зæгъгæ. Тамар сразы. Маринæ ма Дудуйы дæр ба- фарста: - Дуду, дæу куыд фæнды, немæ рацæудзынæ, æви?..
Дуду æмбæрста - Маринæйы цæгатмæ арвитын нæ уыдаид раст. Чи йын уыдысты, цы хæсджын сты æмæ сæ афтæ бахъыгда- ра, æмæ аскъуыддзаг кодта - цыфæнды зын ын уа, уæддæр хъуа- мæ йæ ныййарджытæм аздæха хъæумæ. - Нæ, æз мæ мад, мæ фыдмæ ацæудзынæн, цы уа, уый уæд, - загъта чызг æмæ афтæ дæр бакодта. Уыцы бон æй Тамар афæн- дараст кодта, ахицæн сты цæссыгкалгæ æмæ кæрæдзи кæй ни- куы ферох кæндзысты, ууыл дзурын сæм уæлдай ми дæр каст. Маринæ Тамары сæхимæ акодта æмæ дыккаг бон Леуаны би- нонтимæ хъуамæ ацыдаиккой горæтæй, арæнæй сæ ахизын код- таид йæхæдæг Леуан. Фæлæ уыцы бон æгæр æрæгмæ цыд лæг хæдзармæ. Æнхъæл- мæ кæсынæй сæ цæстытæ ныуурс сты. Фæсахсæвæртæй ахызти, афтæ æрбацыд мæстджын æмæ фæлмæцыдæй. Цы хабар æрба- хаста, уый афтæ уæззау æмæ зæрдæхалæн уыд, æмæ æнæхъæн бинонтæн масты хосæй фыддæр фæци. Къатины лæппу сæ райо- ны царди, таксийыл куыста æмæ Леуанимæ адджын уыдысты. Арæх æмбæлдысты æмæ бахъуыды рæстæджы кæрæдзийы къух арæзтой. Йæхи сæрмагонд хæдтулгæ йын уыд æмæ йæм уыцы изæр хотыхджын бандиттæ балæбурдтой - йæ «Волга» байсын- мæ йын хъавыдысты. Лæппу уыцы бонты рацæуынмæ, йæ би- нонты раласынмæ хъавыд æмæ сын нæ лæвæрдта йæ хæдтулгæ. Фæхъуырæй-хъуырмæ сты æмæ йæ бинонтæ дæр ракастысты дуармæ, чидæртæ дæр рахызтысты æмæ знæт тыхгæнджытæ ныццагътой æнæхъæнæй бинонты, сыхæгтæй дæр иу фæцæф. Афтæ бабын сты хæдзарыдзагæй æмæ сын хицау дæр ничи ра- зынд... - фæци йæ ныхас Леуан. Тамар хъуыста, куыд мæстæйдзаг хъæлæсæй дзырдта хабар Леуан æмæ Маринæ кæуынхъæлæсæй афтæ куы бакодта: «Мæ- гуыр дæ бон, Ленæ... Куыд хорз адæймаг уыд. Гуырæн хæдзары куыста. Иууылдæр æй бирæ уарзтой, сыхагæй, æмкусæгæй...» - уæд иæ зæрдæ фæкъæпп кодта: «æвæццæгæн, уыцы Ленæ у, Ду- дуйы хъæуккаг. Куыд хионау ыл аудыдта рынчындоны», - æмæ ноджы тынгдæр фæрыст йæ зæрдæ, цæссыг йæхигъæдæй æрфæд кодта рустыл. Иæ мады фæлгонц нырма йæ цæстæй нæ хицæн кодта æмæ, æнæуыйдæр, йæ цæстыбын нæ сур кодта. Ныр та, йæ мадау, адон дæр фыдгулты амæттаг фесты. «Куыд зыгъуыммæ ацыд нæ цард, аи æнхъæл та чи уыд...»? Æмæ йæ хъустыл цыма
йæ мады хъæлæс айзæлыд: «Цард кæмæн мад у, мæ хур, кæмæн фыды ус... Мæнæн фыды ус разынд. Афтæмæй кæуылты уыды- сты мæ фидæны бæллицтæ... Ныр алцы дон йæ бынмæ аласта. Дон та... Дон куы сызмæнты, уæд йæ чъизи фынк йæ сæрыл сисы», - уый дæр йæ мады уæзбын хъæлæс уыд... Сызмæст и дон дыууæ адæмы ’хсæн æмæ ма искуы ныррæсуг уыдзæн? Ацы тугæйдзаг цаутæн ферохгæнæн ис?.. Цал фæлтæры хъуамæ раивой адæм, цæмæй ахæм цъаммардзинæдтæ ферох уой? Кæд ныббаддзысты чъизитæ? Историйæ ницы рох кæны - нæдæр хорз, нæдæр æвзæр. Алцы йæ тары арф нывæры æмæ ра- цæуы рæстæг, æнустæ дæр фестæд, уæддæр адæймаджы зæрдæ ныккæрзы хъæддаг фыдмитæ æвдисæг сыфтæ кæсгæйæ. Уыцы изæр нал рауад сæ балц. Леуан катайы бахауд - цы ба- кæна хæдзарыдзаг мæрдтæн, афтæ æнæхицауæй сæ куыд ныу- уадза? Уæд цæрæнбонтæм зæрдæхудтæй куы баззайдзæн, уый гæнæн нæй, исты ’рымысын хъæуы, куыд сæ сæмбæлын кæна сæ сыджытыл, сæ хъæуыл... Райсомæй куыстмæ ацыд, цымыдис кодта, кæддæра цы хъуыды кæнынц ацы æвирхъау цауы тых- хæй. Æндæр хорз ма фенæт. Цыма никуы ницы æрцыд, ахæм хуызы бадгæйæ сæ баййæфта кабинеты. Бамбæрста Леуан, уæгъ- ды уыд алцы, ницы зæгъын хъæуы адоны цур. Рацыд. Сыхæгтæй разынд æртæ лæджы, чи йын баххуыс кодтаид. Йæхæдæг та са- мал кодта марды чырынтæ, аластой сæ горæтгæрон уæлмæрд- мæ, дардыл ингæн скъахтой æмæ сæ иумæ бавæрдтой. Нал баздæхти Леуан куыстмæ уыцы бон. Æрбацыд хæдзар- мæ ахæм тар цæсгомимæ æмæ йæм бинонтæй фæрсын ничи ба- уæндыд - куыд кæнæм, цы фæуæм, зæгъгæ. Уый æнæдзургæйæ бацыд йæхи уатмæ, йæ цæст ахаста алцæуыл. Стæй фыссæн стъо- лы цур æрбадт, йæ сæр йæ дыууæ къухы ’хсæн, афтæмæй иу чы- сыл фæбадт йæ хъуыдытимæ быцæугæнгæ. Стъолы лагъзæй йæ дамбаца систа, цыдæр гæхæттытæ дæр равзæрста, йæ дзып- пы сæ бафснайдта. Хъуамæ табелон дамбацайы бæсты йæхион ахастаид, стæй йæ хъуъщы фæивта - «дыууæ дæр мæм уæнт, кæ- мæн æй уадзын...». Йæ дзыппыты сæ нывæрдта æмæ раззаг уатмæ рахызт. Ам тымбылæй бадтысты бинонтæ иууылдæр цæ- уынхъусæй. Леуан æрхæндæгæй бадгæ йæ фыдмæ куы бакаст, уæд ын фæтæригъæд кодта, бацыд æм æввахс æмæ йын ныфс- джын хъæлæсæй афтæ бакодта:
- Фæци, Дзамболич (афтæ-иу æй хуыдта фырбуцæн), ацы- дыстæм! Устытæ, фынгмæ исты æрхæссут. Фæстаг хатт-ма аку- вæм нæ хъарм къуымы, нæ царды рæсугъд бонтæ кæм арвыстам æмæ стæй сæ хъуыры аирвæзæнт! Скасти йæм зæронд лæг. Йæ цæстытæй цы æгæрон маст, са- гъæс, æдыхдзинад лæдæрст, уый Леуаны зæрдæйыл тæвд донау æрбакалд æмæ æргуыбыр кодта йæ фыдмæ, йæ риумæ йæ æр- бахъæбыс кодта æмæ йын ныллæг хъæлæсæй рæвдаугæ загъта: - Ма тыхс, баба, ма маст кæн. Цы æрцыд, уымæн мастæй ни- цыуал баххуыс кæндзыстæм. Алцыдæр дзæбæх уыдзæн. «Цы ма дзы уыдзæн дзæбæхæй, мæ дзæбæх цард фæци, сымах мын ут дзæбæх», - ахъуыды кодта, фæлæ зæгъын ницы сфæ- рæзта. Знонæй нырмæ æмырæй хъуыдыты ахæсты уыд. Знон Маринæимæ уæлмæрдмæ ссыдысты таксийыл - фæстаг хатт ма йæ фыдæлты ингæнтыл йæ цæст ахастаид, йæ иузæрдион æмкъайæн йæ риуыл дидинтæ сæвæрдтаид. Дыууæ азы размæ амард Маринæйы мад æмæ зæронд лæг иунæгæй баззади, фæлæ нæдæр Маринæмæ акуымдта, нæдæр Леуантæм. Æмæ уæд Леу- ан æдбинонтæ йæхæдæг æрбацыд сæ рагон цæрæнуатмæ æмæ раздæрау иумæ цардысты. Касти уæлмæрдты дурыл конд йæ æмкъайы нывмæ æмæ химид йемæ ныхас кодта: «Цæуын æз мæ сывæллæттимæ...5 Кæдæм цæуын, кæдæм хæссын мæ зæронд стджытæ ныгæнынмæ? Ды ам, æз та - чи йæ зоны, кæм...». Æмæ йæ знонæй нырмæ нал фæндыд искуыдæм ацæуын. Уæдмæ сын йæхæдæг дзырдта алыбон: «ацæуæм, ацæуæм искуыдæм, ам цæрæн нал ис...». Ныр уыцы уысм куы æрбалæууыд, уæд куыддæр йæ уонг æрхауд, цыма нымпылд, тыхы мур дзы нал аззад. Æнæхъæн æхсæв ыл хуыссæг нал æрхæцыд, афтæ хъуы- дыты сбон кодта. Йæ царды даргъ фæндагыл сæрæй рацыд хъуыдытæгæнгæ, алцы йæ цæсты раз дырысæй уыдта æмæ або- ны хабæрттæм куы æрхæццæ, уæд срыст. Йæ зæрдæ срыст: « Ай циу, цытæ цæуы, цæмæн афтæ сайдæй, æгъатырæй рацæуынц мæ адæмыл алыхатт-алыхатт? Сæ дзæбæхтæ, сæ лæггæдтæ сын æвзæрæй цæмæн фæфидынц? Мæ цæрæнбонтæ историйы ахуыргæнæгæй батыдтон æмæ ма æндæр цы зонын, цы ахастытæ уыд нæ дыууæ адæмы ’хсæн. агзамантæй фæстæмæ куыд æххуыс кодтой ирæттæ гуырдзы- æн се знæгты ныхмæ хæсты. Кæрæдзийы ’хсæн сын хиондзи-
нады ахастытæ дæр уыд. Ууыл куынал дзурæм, кæмæи уыд Чы- рыстийы размæ IV æнусты 30-æм азты Гуырдзыстоны фыццаг паддзах Фарнауаз I, уæд мæнæ ’ввахс ХП-ХШ æнусты хабæрттæ дæр фаг куы сты - паддзах Деметре Ш-æн йе ’мкъай Иры пад- дзах Худоны чызг Бурдухан куы уыд - хуры чызгау рæсугъд æмæ æгъдауджын - «Уый хуызæн чындз никуы-ма федта Гуырдзы- стон» - афтæ куы фыссы азфыссæг. Æмæ йæ чызг Тамар-паддзах, йæ ’мкъай Давид Сослан - ирон туг æмæ стæг - асæй, уындæй, зондæй, æхсарæй æмбал кæмæн нæ уыд, Гуырдзыстоны арæнтæ дардыл чи айтыгъта. Цал æмæ дзы цалы кой ракæнæм? Цæрæнбонты Гуырдзыстон куы Туркæй хызта йæхи, куы Персæй, куы Лекъæй æмæ алыхатт хæсты арты сыгъди. XVIII æнусы кæрон сыл ахæм бон дæр æркодта æмæ 12 милуан цæ- рæгæй 800 000-ыл банцадысты - иу милуан дæр нал уыдысты. Æндæр фæрæз сæ нал уыд æмæ Уæрæсемæ бахатыдысты, цæ- мæй сæ йæ дæлбар бакодтаид. Кæд нæ, уæд сын налдæр паддза- хад уыдаид, налдæр чырыстон дин, налдæр - сæхи æвзаг. 1774 азæй фæстæмæ бирæ фæхатыдысты Уæрæсейы императормæ æмæ 1783 азы сразы Уæрæсе - йæ дæлбар бакодта Гуырдзыстоны æмæ амæй фæстæмæ Турк æмæ Иранырдыгæй нал уыд тас. Фæ- лæ Уæрæсе йæ дæлбар бакæнгæ бæстæйыл йæхи паддзахадон закъæттæм гæсгæ кæй хицауиуæг кодтаид, ууыл сæрæй дзырд дæр нæ цыд. Куыдфæстагмæ та - иугæр куы сулæфыдысты, сæ къахыл куы слæууыдысты, уæд ацы хабар сæ зæрдæмæ нал цыд. Уырыссаг уды тæфаг кæй тыхджындæр кодта, уый гуырдзиаг уæздæтты катайы æппæрста æмæ сусæгæй растад саразынмæ хъавыдысты, фæлæ рабæрæг сæ фæнд æмæ сæ бафхæрдтой (1832 азы сусæг бадзырд]. Æвæдза, адæймагæн йæ тыхсты рæстæджы йæ къух куы саразай, уæд дын дæ хорз бафидын кæд йæ бон нæ бауа, уæд дыл гадзрахатæй уæддæр цæмæн хъуамæ разила?..» - хъуыдытæ сæхион кодтой... Устытæ фынг æрæвæрдтой æмæ иууылдæр æрбадтысты. Ни- кæмæ сæ цыд нæдæр хæрын, нæдæр дзурын, сæ уды тыхстдзинад æмбæхсгæйæ сæхи цæмæйдæрты фæсайдтой. Хæдзары хистæр дæр бадти фынджы сæр. Налдæр дзурынмæ рæхст æмæ хæри- нагмæ та кæсгæ дæр нæ кодта, йæ хъуыдытæ йæ рахæсс-бахæсс кодтой.
Маринæ сæн æркодта æмæ агуывзæ йæ фыдмæ бадардта: - Баба, акув! Дард æмæ зын фæндагыл цæуæм, чи зоны, хор- зæй фехъуыса Хуыцаумæ хистæры куывд. Райста агуывзæ лæг, зæгъинæгтæ та йæм куыднæ уыд, кувын дæр дзæбæх зыдта, фæлæ йе ’взаг йæ коммæ нал каст æмæ ком дæр ныссур. Тыхæйты ма загъта: - Стыр Хуыцау, мæ бинонты æххуысгæнæг у, ма нæ фесаф, не сфæлдисæг, рæствæндаг нæ фæкæн, - ахуыпп дзы кодта æмæ йæ йæ фыртмæ авæрдта. - Дæ куывд æххæст, баба, тæрсгæ ма кæн. Алцыдæр хорз уыдзæн. Цæрæн алыран дæр ис гæнæн... Хæдтулгæйы цы бацыд, уый æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæй ныннадтой æмæ æхсæвыгон ныууагътой сæ хæдзар. Леу- ан дæгъæл йæ дзыппы нывæрдта: «ома мæ мауал бахъæуа?.. Фенæм...». Горæтæй ахызтысты, æрбахизæны «бензокалонкæ»-йы цур фæурæдта, бак бензинæй байдзаг кодта æмæ Тбилис фæстейæ баззад... Къуырийæ фылдæр рацыд, Дуду хæдзармæ куы æрыздæхти, уæдæй фæстæмæ. Бинонтæ йыл æргомæй æви аивæй афтæ аудыдтой æмæ йæ рæвдыдтой, цыма уæззау рынчыны фæстæ радзæбæх и. Ацы ца- уы æрцыды размæ куыд цардысты, афтæ сæрибарæй, хъæл- дзæгæй дардтой сæхи. Фæлæ Дуду: «ницæмæй мæ фæрсынц, мæ цæстмæ мын нæ дарынц, цæйас маст сын скодтон. Аничкæ дæр цыма æппындæр нæ цымыдис кæны, цы хуызы цард кодтон, кæнæ кæй фæстæ ахъуызыдтæн, уый цы фæци... Афтæмæй æз алцыдæр дзæбæх уынын, сæ цæстыты уынын сæ цыбæлдзинад, фæлæ сæ нæ фæнды, фæриссын мæ кæной. Сæ цуры дæн, удæгас дæн æмæ уый фагæй фылдæрыл нымайынц. Æз та ме ’дылы митæй цæрæнбонтæм мæ фидæн баныгæдтон æмæ мæм нырма разæй цы æнхъæлмæ кæсы, уый ноджы зындæр, ноджы уæззаудæр цæф кæй уыдзæн мæхицæн дæр æмæ мæ бинонтæн дæр, уый хатын... Знон Къатин куы æрбауади æмæ мæ мадæн куы æппæлыд: «Куы йæ фенис, Бабиан, Цыкурайы фæрдыджы хуызæн у Мадинæйы лæппу! Дыгъал-дыгъул куы сисы, уæд зæгъдзынæ, булæмæргъ зары. Къахыл ацæуын дæр архайы, фæлæ йæ Мади йæ хъуырæй дæлæмæ нæ уадзы - цафон, дам, дын у, мæ зæрдæ - тайынц æмæ
йыл руайынц», - уæд искуы Ленæйæ куы сирвæза кæй у уыцы «цыкурайы фæрдыг», уæд куыд уыдзæн хъуыддаг?.. Мæн нæу, зæгъын, ма басæттон? Æмæ куы басæттон æмæ йæ куы æрдо- мон - мæхи у æмæ мын æй радтут, зæгъгæ, гъеуæд дæр мыл афтæ зæрдæйæ уыдзысты мæ бинонтæ?.. Куыд тынг мæ фæнды, фе- нон æй, кæй хуызæн у мæ лæппу... «Мæ лæппу»... Амæл, амæл ме ’дылы сæр, кæд дын нæй лæппу... Лæппу дæ куы хъуыдаид, уæд æй цæмæн рауæлдай кодтай? Гуыбынмæ дæр æм хæрам куы хас- тай, кæд, дам, йæ фыды æз нал хъæуын, уæд, дам, мæ йæ лæппын кæм бахъуыд, - афтæ куы дзырдтай дæхинымæры æмæ дзы чердæм фервæзтаис, ууыл куы катай кодтай. Стæй дын фæзынд фадат æмæ йæ уынгæ дæр нæ фæкодтай, афтæмæй дзы ссæрибар дæ. Афтæмæй ма ууыл хъуыды кодтай - мачи мацы базона. Æмæ ныр дæр дæ мæт æндæр ницы у - ма рахъæр уа дæ худинаг. Ома дæ сывæллоны маст ис? Мады æнкъарæн дæ тыхсын кæны æмæ дæ уымæн фæнды йæ фенын? - цыма чидæр уыд æмбæхст йæ уды талынг къуымы æмæ йын уыцы хъæхъхъаг, мастæйдзаг фарстытæ йæ хъусы сыфсыфгæнгæ дзырдта. - Æмæ йæ куы ра- хастаин, Тамар мын куыд ныфсытæ æвæрдта - иумæ, дам, æй схъомыл кæндзыстæм æмæ, дам, æй йæ фыд куы кура, уæддæр ын æй нал ратдзыстæм, - уæд хуыздæр уыдаид? Ныр Тамарæн йæ сæр йæ кой куы фæци, уæд ма мæнæн цы хъуамæ баххуыс кодтаид?...» Æхсыдтой Дудуйæн хъуыдытæ йæ зæрдæ, æхсæв уыд æви бон, йæ уавæрыл сагъæсæй удæнцой нал уыд мæгуырæгæн. Æмæ йæхи куыстытæм æппæрста - кæд-иу раздæр къустæ дæр никуы ныхсадта, алцыдæр Аничкæйы аразинаг уыд, уæд ныр йæхæдæг, кæд ын ничи ницы хæс кодта, алцы арæзта, æфснайдта къуымтæ, æхсадта бинонтæн сæ дзаумæттæ, марзта скъæтæй, кæртæй - иууылдæр. Æрмæст кæртæй æддæмæ, цыма истæмæй тарсти, кæсгæ дæр нæ кодта, кæд æй фæндыд хъæууынгты ази- лын, алкæйы фенын, уæддæр нæ уæндыди, цыдæр æй баста - тас, æфсарм æви цыдæр æнæрафæлгъаугæ æнкъарæн. Æмæ йæ- хинымæры развæлгъау дзуаппытæ агуырдта, куы йæ бафæрса исчи - сыхаг кæнæ æмбал, уæд ын цы зæгъа. Фæлæ уæддæр æнæнхъæлæджы бахаудта къæппæджы æмæ чысыл-ма бахъæ- уа, йæ зæрдæ бахъарм уа. Къолайæн йæ фыдыфсымæры ус Сиукъиан сæм иу бон лæ- дзæджы æнцæйтты æрбацыд, йæ къух йæ синыл æвæрд, афтæ- мæй, æмæ йæ саламæй йæ буцтæ фæраздæр сты:
- Ныр дæм къуыри куы æнхъæлмæ кæсын, ма аныгъуылай, уæд скалакаг дæ æмæ дæ сæрмæ никæйуал хæссыс, и?! Дуду бирæ уарзта зæронд усы, рæвдауаг уыд, æмæ йыл зæр- диагæй баузæлыд, стæй йын фынджы цур бандон æрæвæрдта. Ус æрбадти æмæ сæрæй къæхтæм чызгыл йæ цæст æрхаста. - Цы, дам, сиахс кæдмæ йæхи æмбæхсдзæн, кæм ис, æгъдау раттын дзы нæ хъæуы æппын? - ноджы та барджыны фарст ба- кодта зæронд ус. - Æфсадмæ йæ акодтой, - цæмæндæр йæ цæсгом сырх адард- та, афтæмæй сфæрæзта Дуду. - Æфсадмæ? Æ, куыдзы фырт, цыдæр, - ныр та хъазыны ’рдæм аздæхта йæ ныхас Сиукъиан, - кæд дæ зæрдæхсайгæ ныууагъта, уæд куы æрыздæха, къахыл, разгъорбазгъоргæнгæ, ма æрыййа- фа йæ къæбылайы, - æмæ йын йæ гуыбыныл йæ къух æрхаста. ДУДУ афæлурс, йæ сæр ын цыма исчи дзæккорæй æрхоста, афтæ атарытæ сты йæ цæстытæ. Бабиан æй фæхатыд - чызг цыдæр кæны æмæ фынгыл цы доны дурын лæууыд, уырдыгæй йын дон æркодта: - Ахуыпп дзы кæн, хъæбул, фенцон дын уыдзæн. Дуду та - йæ кæуындзæг йæ хъуырмæ схæццæ, а ныр ныббогъ- богъ кæна, афтæ та йын Сиукъиан фидарæй загъта: - Нæ дын дзырдтон! Ма тæрс, мæ чызг, ма тæрс. Афтæ зоны, зæрдæ дæр хæццæ кæнын байдайы, сæр дæр разилы. Уый ма хъуыд чызджы æмæ сæрдиаг кодта, йæ сæр йæ мады тары нымбæхста æмæ афтæмæй куыдта. - Дæхимæ æрцу. Ницы кæны, афтæ вæййы, - загъта та зæронд ус æмæ йæ лæдзæг, къуппкъупгæнгæ ахызт асинтыл. Бабиан йæ фæстæ дæр нал ахызт, Дудуйы сæр лæгъзытæ кодта æмæ йæ йæ риумæ балхъывта. Дуду та зæронды ныхæстыл кæугæйæ хъуыды кодта: «Æз алцыдæр бавзæрстон, алцы. Уыдæттæ фесты. Фараст мæйы дæр æй фæхастон мæ гуыбыны, аргæ-арын цы рыстытæ вæййы, уыдон дæр мæ мæрдтыл фæцæйæфтыдтой. Ай фæлтау æцæгдæр куы амардаин. Цæмæн байхъуыстон Ленæмæ. Кæд ’мæ йæ сывæллон схъомылкæнын нæ фæндыд, уæд æй уым ныу- уагътаин æмæ йæ æнæзонгæ исчи ахастаид йæхицæн. Ныр ам мæ цæсты раз куы хъомыл кæна мæ сывæллон, уæд кæдмæ бауы- дзæн мæхи уромын мæ бон? Иу худинаг мын фаг нæ уыд, иннæ дæр ыл бафтыдтон - аппæрстон удæгас сывæллоны, аппæрстон
æй, уæдæ цы хъуамæ схонай ахæм ми? Æз бирæ дæр куы æмбæхсон мæхи, сæрды Ленæ куы æрцæуа, уæд æй ома макуы макæмæн схъæр кæна?.. Уæд цы фæуон?», - йæ хæкъуырццæй нал æнцад, афтæмæй хъуыды кодта. - Фаг дын у, хъæбул, мауал ку, цæмæн хъусыс зæронд усы ныхæстæм, - сабыр æй кодта Бабиан, кæд йæхи зæрдæ тынгдæр фæрыст Сиукъианы ныхæстæй, уæддæр. «Дæ мад амæлæд, мæ хъулон хъæбул, дæ хæкъуырцц куыды аххосаг уыцы æнæрæгъы- дзыды æфсадмæ ацыды мидæг нæ уыдзæн. Мæ зæрдæ йæ хаты, куы æрцыдтæ, уыцы бонæй фæстæмæ йæ хаты, цыдæр фыддæр маст дыл сæмбæлд æмæ йæ нæ хъæр кæныс. Бафæрсын та дæ мæ цæст нæ уарзы, уæд та дын зындæр куы уа, зæгъын. Ма тæрс, мæ хъæбул, ма тæрс. Хуыцауы куыд фæнда, афтæ уыдзæн алцы, дæ бинонтимæ, дæ хо, де ’фсымæримæ цæмæй тæрсыс, дæ фарсмæ куы стæм», - хъуыды кодта Бабиан, фæлæ уый кæмыты æмæ цæуылты сагъæстæ кодта, уыдон Дудуйы мæтæгтæй дард уы- дысты... Изæры Герас ахæм æвзæр хабар æрбахаста хæдзармæ æмæ бинонтæн сæ мæстæгтæн уыимæ абарæн дæр нæ уыд. Чидæр хъæумæ фæбæрæг кодта, Калачы, дам, Къатины лæппуйы æдби- нонтæ сыскъуыдтой. Адæм къордтæ-къордтæ лæууынц, чи ар- гъуаны цур, чи - Къатинты хæдзармæ дæрддзæф æмæ ничи уæн- ды бацæуын, - катайæдзаг хъæлæсæй дзырдта лæппу. - Æмæ чи уыд уыцы чидæр, йæхæдæг цæмæннæ бахаста ха- бар, кæмæ хъуыд, уыдонмæ? - бафарста Къола. - Ничи ницы дзуры, фыццаг чи æрбахаста ацы хабар æмæ йæ кæмæн загъта. - Мæнг ныхас уыдзæн. Ахæм стыр бæллæх куы æрцæуа, уæд ма йæ æмбæхсын цы пайда у, - абон уа, сом уа, уæддæр рабæ- рæг уыдзæн æмæ рæстæгыл базонын, чи зоны, хуыздæр уа. - Дызæрдыг кодта Къола æмæ сыстад, - акæсон, мæхæдæг искæй- ты афæрсон, - æмæ хæдзарæй рахызт. ДУДУ дурдзавдæй лæууыд æмæ тарстгъуызæй хъуыста Герас- мæ. Фыццаг йæ сæры, йæхицæн пайда цы уыд, ахæм хъуыды февзæрд: «Мардæй ма кæмæн цы зæгъдзæн...», фæлæ уый уыд иу уысм, иу ферттывд сæрымагъзы æмæ йæ хъустæ куы ацах- стой Бабианы дзыназгæ хъæлæс: - «Æ мæгуыр уа дæ бон, Къа- тин, кæд куыд басаухæдзар дæ зæрыбон...», - уæд йæ зæрдæ
сгуыпп-гуыпп кодта: «Хæдзарыдзагæй сæ ныццагътой, амард- той Ленæйы, йæ лæг, йæ чысыл чызджы...». Ацы ныв йæ цæсты- тыл куы ауад, уæд йæхи æрцахста æмæ бамбæрста, куыд æл- гъаг, куыд æгъатыр хъуыды акодта. Йæ сурхид акалд æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма цы ахъуыды кодта, уый йæ бинонтæ бам- бæрстой, фæхатыдысты. Бакасти сæм, сæ катайгæнгæ цæсгæмт- тæ йыл ноджы тас бафтыдтой æмæ дуармæ рахызт. Ам уæлдæф- мæ йе ’муд æрцыд, чысыл ын цыма фенцондæр. Æвиппайды уыцы изæрмилты æмыры дæргъвæтин цъæхахст айхъуысти. Йæ хæдфæстæ та богъ-богъæй бæстæ байдзаг... Лæг æй цасфæнды æмбæхса, фыд цау йæхи нæ бамбæхсдзæн. Стæй ахæм æвирхъау цау, Къатины хæдзарыл дзы цахæм æрцыд, куыд бамбæхстаид. Хъуыддаг уый уыд, мæгуыр усæн чердæм загътаиккой, чи райстаид ахæм уæззау хæс йæхимæ. Фæлæ адæм æмбæрстой, уый æрмæст иу бинонты æнамонддзинад нæ уыд - иумæйаг маст уыд æнæхъæн хъæубæстæн. Æндæр гæнæн дзы нæ уыд - иумæ хъуамæ балæууой кæрæдзийы фарсмæ. Къола æцæгдзинад куы базыдта, уæд Сосланмæ бахатыд: - Ацы бинонтæм ды алкæмæй æввахсдæр дæ, демæ бацæу- дзыстæм. Æмбарын дæ, Сослан, зын дын у, фæлæ æндæр гæнæн нæй, хъæубæстæ стæм, æмæ нæ иумæйаг мастæн иумæ хъуамæ бафæразæм. - Зын та мын куыд нæу, куы йæ фехъуыстон, уæд арвыцæфау фæдæн, рафт-бафт кæнын æмæ ницы мæ сæрæн æмбарын, чер- дæм ын æй зæгъон. На, æмæ, дæхи загъдау, æнæхъæн хъæуæн иумæйаг фыдбылыз у, иумæйаг маст... Цомут, уæдæ, иумæ бацæ- уæм, - уæззаугай загъта Сослан æмæ йæ алыварс лæуджытыл йæ цæст ахаста. Уыдон дæр сæ сæртæ æрхæндæгæй батылдтой. Бахызтысты Къатины кæртмæ. Сæ фæстæ сылгоймæгтæ дæр хъуызæгау бакодтой. Тæккæ уыцы рæстæджы Къатин хатæны Дуар бакодта - æддæмæ акæсон, зæгъгæ, æмæ асинтыл Сосланы сцæйцæугæ куы суыдта, уæд йæ уæнгтæ ауазал сты, йæ зæрдæ цыма йæ кусынæй фенцад: «Кæд ма мæм цыди?» Стæй ма йæ фæстæ читæ сцæйцыд, уыдоныл дæр куы схæцыд йæ цæст, уæд адæргæйæ йæ дзых фæхæлиу кодта: «Цы хабар у?..». Уæдмæ Со- слан йæ цонг æрбатыхта усы уæхскыл æмæ кæд йæхиуыл хæцыд æмæ йæ фæндыд æгъдаумæ гæсгæ бамæсæллæй кодтаид, уæд- дæр иæ кæуын нал баурæдта æмæ нырдиаг кодта:
- Фесæфтыстæм, Къатин, фесæфтыстæм... Дæ иунæг нал и -и... Цы фехъуыста, уый куы бамбæрста Къатин, уæд иу цъæхахст ныккодта æмæ цыма арв аскъуыд, атыдта... Устыты богъ-богъæй барызтихæдзар... Мидæмæ байстой устытæ Къатины, æрбадын æй кодтой, фæлæ йæ уромæг нал урæдта. Йæхи тыдта, йæ уæрджытæ хоста: - Цы мын бакодтай, хъæбул, куыд мæ ныууагътай! - хъæр код- та, мæгуыр, æмæ цæмæй зыдта, æрмæст йæ сидзæрæй хъомыл лæппу нæ фæмард, фæлæ ма йæ уарзон чындз æмæ йæ хъæбулы хъæбул дæр кæй бабын сты... Æнæхъæн æхсæв сых йæ уæлхъус лæууыдысты. Сабыр æй код- той, ныфсытæ йын æвæрдтой, куы йын хос дардтой, куы йын дон дардтой. Райсомæрдæм афтæ ныффæллад æмæ ныффæсус æмæ йæ бон змæлын дæр нал уыд. Адæм та цыдысты, сæ цæссыг калд- той æмæ ахæм æнæрцæугæ дудгæбоныл дис кодтой. Дуду дæр рацыд йæ хо æмæ йæ мадимæ мæсæллæй зæгъын- мæ. Сæ фæндаг Сосланты хæдзары рæзты уыд, æмæ сæ кæрты дуары зыхъхъырæй Аничкæйæн хъазæн чысыл хæдтулгæимæ архайгæ сывæллоныл йæ цæст куы схæцыд, уæд Дудуйæн афтæ: - Уæгъды нæ фæкæнынц, искæйы сывæллæттæ, дам, тагъд рæзынц, цыма знон уыд, ацы лæппуйы аргъуаны куы ссардтой æмæ кæс, ныр къахæй дæр цæуы. Дуду дæр бакаст зыхъхъырæй. Сывæллон йæ пумпуси къух- тæй цыдæр хъазæнтæ хæдтулгæйыл амадта æмæ йæхицæн цы- дæртæ дыгъал-дыгъул кодта. Йæ кæуындзæг йæ хъуырмæ схæц- цæ Дудуйæн, фæлæ йæхи æвиппайды æрцахста, мацы фæфип- пайа Аничкæ æмæ ма йæ æвзагыл цы æрбалæууыд, уый сæп- пæрста: - Афæдз дæр цъус нæу... - стæй фæфæсмон кодта, ныр мæ куы бафæрса, цæмæй йæ зоныс афæдздзыд кæй у?.. «Дæумæ мæ хо афтæ кæсы, цыма знон уыд, мæныл та афтæ ныддаргъ рæстæг, æмæ иу цард фæдæн»... Кастысты сæ дыууæ дæр æмæ уæдмæ Мадинæ къæбицæй рахызт, сывæллоны йæ дыууæ къухæй систа, йæ риумæ йæ бал- хъывта æмæ: «Цом, мæ зæрдæ, ныр дын хæрыны рæстæг у, стæй бало-ло кæн», - æмæ асинтыл куы сцæйхызт, уæд кауы дуары сæрты сæ дыууæйы дæр æнæхъæнæй федта Дуду...
Тыхæйты ма йæ бахастой йæ къæхтæ Къатины хæдзары онг. Зæронд усы тæригъæдæй цыма хæдзары къултæ дæр ниудтой. Стæй ма Бабиан дæр куы ныхъхъарæг кодта æмæ уым бадæг устытæ æмхъæлæсæй куы ныгъе-гъе кодтой, уæд Дуду дæр йæ- хигъæдæй сæрдиаг кодта. Куыдта æмæ йын йе уонг цы баста, йæ зæрдæ йын цы æрхæндæг æлхъывта, уый цыма феуæгъд æмæ сæрибарæй цыд хъæлæс хъуырæй. Йæхи зæрдæйы тыппыртæ æргомæй суадзыны фадат ын фæци æмæ æнæазымджын сы- вæллоны куы бафхæрынц æмæ рæстаг цæссыгæй куыд фæкæ- уы, афтæ куыдта. Бабиан хъарæг фæци, стæй æдыхæй бадгæ Къатиныл ныт- тыхсти. - Ай фæлтау дæхæдæг сæ разæй куы фæуыдаис, мæгуыр уа дæ бон, уæд амондджындæр уыдаис. - Æмæ та ныккуыдтой сыл- гоймæгтæ. Дудумæ нал цыд кæуын, цыма стыр уаргъ аппæрста йæ рагъæй, афтæ сæрибарæй хатыд йæхи. Хæдзарыл йæ цæст ахаста æмæ йæ бакомкоммæ къулыл ауыгъд фæлгæтджын ныв- мæ нымдзаст: Ленæ æмæ йе ’мкъай хæрз æвзæнгтæй, сæ рæсугъд цæсгæмттыл мидбылхудт хъазыд. «Æвæццæгæн, сæ баиуы фыц- цаг бонты ист ныв у. Ацы ныв сын сыстыр кæндзысты æнæ- мæнгæй... Куыд амондджын уыдаиккой, куыд хъæрмудæй цар- даиккой сæ сывæллæттимæ... Кæм сты ныр, кæм сыл баталынг сæ хур», - æмæ ныр та туджы æвдылдæй растадысты йæ цæсты раз... Æмæ фырадæргæйæ базыр-зыр кодта. Йæ фарсмæ бадæг Аничкæ йæ фæхатыд, бакасти йæм æмæ уыцы рæстæджы цал- дæр усæй æрбахызтысты, уыдоны æфсонæй йæ сыстын кодта - бынат, дам, сын ссæрибар кæнæм æмæ сæ дыууæ дæр æддæмæ рахызтысты. Хæдзармæ цæугæйæ йæ бæрзæй Сосланты кæртырдæм зы- лынæй баззади Дудуйæн, фæлæ ничиуал разынд... •к * * Къатины хæдзарыл цы æрцыд, уыцы уæззау æнамонддзина- ды фæстæ хъæубæстæ куыддæр ныхъхъус, цыма сæ хъуын асаст æмæ цыдæр фыддæрмæ æнхъæлмæгæсæгау тыхст хуыз уыды- сты иууылдæр. Гуырдзыстоны цы хабæрттæ цыд, уыдон хъуыс-
той - Къахет, Боржом æмæ иннæ районты адæмыл цы бон æр- кодта, уыдон сæм хæццæ кодтой. Фæлæ цалынмæ сæ хъæуыл не ’рцыд ахæм бæллæх, уæдмæ уæддæр афтæ хъуыды кодтой, чи- зоны, махы онгты нæ ранхъæвзой. Ныр æрбахæццæ сæ хъæумæ фыд азар æмæ сыл тынг бан- дæвта, уæлдайдæр хистæр кары адæммæ. Нырма сæ маст нæма не ’рысыст, афтæмæй сæм хотыхджын æвзонг лæппуты къорд æр- бамидæг иу сихорафон. Хъæусоветы раз баурæдтой сæ хæдтул- гæтæ æмæ мидæмæ бацыдысты уыцы барджыны цыдæй. Сал’а- мы фæстæ цæй фæдыл фæцæуæг сты, уый сын сæ хистæргонд ахæм хуызы загъта, цыма йæ ныхасыл дыууæ зæгъæн нал уыд: - Мах нæ ног хицауад рарвыста, цæмæй уын фехъусын кæ- нæм, ацы хъæуы уæм цы ирæттæ цæры, уыдон ныууадзæнт сæ цæрæнуæттæ æмæ сæ кæдæм фæнды, уырдæм ацæуæнт. Ай Гуырдзыстоны зæхх у æмæ æрцæуæггаг адæмæн ам цæрыны бар нал и... Ацы бонты хъæуы адæм фылдæр æддейæ, уынгты уыдысты, ныр афтæ бирæ æнæзонгæты куы ауыдтой, уæд хабар æвип- пайды айхъуыст æмæ сæм цыма фатфæдисон арвыстæуыд, афтæ цæстыфæныкъуылдмæ хъæусоветы кæрты æрбатымбыл сты. Уазджыты дæр уый хъуыд - алкæмæдæр фæхæццæ кодтаиккой сæ хъуыды. Æмæ та сæ хистæргонд фидарæй загъта: - Нæ хицауады æмæ æппæт гуырдзиаг адæмы хъуыды ахæм у - хъуамæ асыгъдæг кæнæм нæ фыдæлты зæхх æрцæуæггæгтæй. Хъусæг адæмæй иутæ сæ сæртæ æруагътой, дызæрдыджы ба- хаудысты - цы хорздзинад ныл дзы бафтдзæн, куыд рауайдзæн нæ фидæны цард? Иннæтæн сæ цæсгæмттыл ирдæй зынд сæ æнæрайгонддзинад æмæ ацы æнæхонгæ къуыдипсæр лæппу- тæм æрфыгæлхынцъæй кастысты. Сæ зæрды сын цы уыд са- разын, уый хъæуы зæронддæр æмæ нымаддæр лæг Надирадзе Никъа рабæрæг кодта - размæ ралæууыд, йæ къæдз лæдзæгыл æнцойгæнгæ, æмæ райдыдта: - Хъусут, мæнæ кæстæртæ, дæс æмæ мыл цыппарыссæдз азы сæххæсти æмæ æз никуы хъуыды кæнын - нæ хъæуы ирон æмæ гуырдзиагы исчи хицæн кодта,- зæронд лæг йæхиуыл хæцыд, фæлæ маст йæ хъуырмæ схæццæ æмæ карзæй хъуыст, - Чырыс- тон дины адæм стæм, иу Хуыцауæн кувæм, иу туг, иу стæг сис- тæм - кæмæн йæ фыд у ирон, кæмæн йæ мад. Мæнæн мæ би-
нойнаг ирон уыд, мæ дыууæ хистæр лæппуйæн дæр сæ устытæ ирæттæ сты. Цы уæ зæрды нын ис ныр, кæдæм фæцæуæм? Мæ лæггадгæнæг чындзытæ мæ куынæ уаиккой, уæд мæ цард цы уаид? Иннæахæм мæ чызгæн йе ’мкъай ирон, лæппутæй мыл уый фылдæр куы тыхсы. Цы фæуæм мах, цæмæннæ нæ уадзут нæ мæгуырыл!? - Де сиахс та цæй ирон у, Къачмазашвили,- чидæр æвзæнг- _'æй æвæндонæй сдзырдта, фæлæ зæронд лæгæн фæци йæ бых- сыны тых æмæ лæдзæг мæсты къупп æркодта зæххыл æмæ йæ бон цас баци, уыйас хъæрæй сдзырдта: - Мæ хъæуы номæй уын дзурын, айсут уæхи ардыгæй! Махмæ асуринаг ирон нæй! - Мах ахæмтæй куыницы домæм, йæхи гуырдзиагыл чи ны- майы, йæ мыггаг гуырдзиагау чи фыссы, - фæцырд сæ иу, ныл- лæггомау хъуымызбыл лæппу æмæ йæ автомат йæ уæхскыл ба- раст кодта: - Уæдæ мæнæн, - Гæбæраты Сосланæн - ам, ацы зæххыл мæ фыдæлтæ, мæ фыдæлты фыдæлтæ сæ туг æмæ хид кæм фæ- калдтой, уыцы зæххыл цæрыны бар нал ис, нæ?! - Ныффысс ды дæр Габарашвили æмæ цæр, чи дæ нæ уадзы! - барджынæй та загъта сæ раздзог. - Æмæ «швили» куы ныффыссон, уый фæстæ иронау сыбыртт дæр мауал скæнон, нæ? - рахсыст Сосланæн йæ маст. - Цæй, басабыр кæ, Сослан, хылмæ ма асайа уæ быцæу, - тарст- гомау сдзырдта йе ’фсымæр. - Цы ма хъуамæ расайа амæй фыддæр, Тембо, цы! Дыууæ къуыри дæр нæма рацыд, нæ хъæуæй æртæ уды фæхъуыд, адон хуызæтты къухæй бабын сты мæ сыхаджы бинонтæ. Кæд сæ аф- тæ фæнды æмæ нæ ныццæгъдой, уæд мæнæ дæн, ам стæм иууыл- дæр! Цæвут нæ, фехсут нæ! - сæрра, сабырæй æмæ зондджынæй кæй зыдта æнæхъæн хъæу, уыцы Сослан, йæ цæстытæ атарытæ сты æмæ йæ разы лæууæг уыцы хутъа лæппуйы автоматы бы- рынкъмæ фæлæбурдта, йæхирдæм ыл æрбахæцыд. Лæппу раз- мæ ауæз кодта æмæ фæцыд гæрах... Æмрæстæджы æрхаудтой сæ дыууæ дæр. Лæппу тагъд фестад æмæ Сосланы туджы мæцгæ куы ауыдта, уæд фæтарст, иу «вай- ме» фæкодта æмæ лидзынмæ фæци, иннæтæ дæр йæ фæстæ.
Адæм Сосланыл бакалдысты, хъæр, цъæхастæй байдзаг бæстæ... Хъæусоветы бæстыхайы раз ацы хабæрттæ куы цыд, уæд Ма- динæ æд сывæллон Къатинтæм уыди - хъæрмхуыпп сарæзта æмæ йын дзы къусы бахаста. Тынг ахауди мастæй, мæгуыр, - налдæр æм хæрын цыд æмæ налдæр цæрын. Сыхæгтæ - æввахс æм читæ цард, уыдон дæр-иу æй абæрæг кодтой, фæлæ Мадинæ æппынæдзух йæ уæлхъус лæууыд. Æнæуыйдæр къæсæры сы- хæгтæ уыдысты, хъæрмудæй цардысты, кæрæдзи æмбæрстой æмæ ныр ахæм уæззау цауы рæстæджы куыд уыдис уый гæ- нæн, æмæ йæ фарс ма балæууыдаид. Алы хуызы дæр архайдта, цæмæй йæхимæ æрцыдаид - йæ дарæг, йæ уромæг хъæбулæй, хæдзарыдзаг бинонтæй афтидæй чи аззад, уыцы идæдз мæгуыр сылгоймаг. Цыма йæхицæй хистæр æмæ бирæфенæг уыд, ахæм зондамонæн ныхæстæ йын-иу кодта: - Дæхи ма хъуамæ ауадзай, Къатин. Мæнæ тагъд уыцы лæппу дæр фæзындзæн, æвæццæгæн, лæмбынæг базондзыстæм ха- бæрттæ æмæ стæй иумæ исты хостæ кæндзыстæм. Тæригъæд у дæ хъæбулы хъæбул, уымæн йæ стыр ныфс ды дæ еныр æмæ хъуамæ фидар фæлæууай, - афтæ ныхасгæнгæ сæ æрбаййæфтой Бабиан æмæ Дуду. Куыддæр мидæмæ æрбахызтысты, афтæ Мадинæ цырд фе- стад, сæ разы сын бандæттæ авæрдта: - Æрбадут, æрбадут, - ацамыдта сын къухæй, йæхæдæг Къа- тинмæ фездæхт, йæ хъæбысæй йын Батикы систа: - Фаг дын у, къæбæда цыдæр, мауал хъыгдар Нанайы, - загъта йын рæвдаугæ æмæ йæ йæ галиу цонгыл авæрдта. Дуду йæ мадимæ фылдæр уымæн рацыд, цæмæй ма сывæл- лоныл искæуылты йæ цæст схæцыдаид, æввахсмæ йæ исчердæм федтаид. Æмæ йæ ныфс ацы хатт нæ фæмæнг и. Лæууыд ныр æмæ Батикмæ кæсгæйæ баззад. Йæ мидбылхудт йæ цæсгомæй нал хицæн кодта, афтæмæй йæм нымдзаст. Фæнды йæ исты рæвдауæн ныхас ын загътаид, гыццыл сабийыл куыд ацинтæ кæнынц, афтæ йыл ацинтæ кодтаид сæрибарæй, фæлæ нæдæр хъæлæс куымдта уæлæмæ, нæдæр къухтæ кастысты коммæ - ба- даргъ сæ кодтаид, аузæлыдаид ыл. Бабиан та Къатинмæ баввахс кодта бандон æмæ йын хъæрæй цыдæр ныфсы ныхæстæ кодта...
Мадинæйæн йæ зæрдæ цыдæр фæхатыд, цыдæр æнæрайы æнкъарæн æй фелхыскъ кодта. Æмæ афтæ джихæй лæугæ чыз- гæн цыдæр йæхимæ дæр раст нæ фæкаст, æмæ йын уайдзæф- хуызæй загъта: - Æрбад, Дуду, цæмæн лæууыс! Æмæ а ныр йæхæдæг дæр æрбада, афтæ гом дуарæй Темболы кæстæр лæппу - Мадинæйы алкæмæй фылдæр кæцы уарзта, уый, лæнклæнгæнгæ, æрбалыгъди: - Мади, кæм дæ, Сосланы куы... - æмæ нырдиаг кодта, стæй фæстæмæ лидзынмæ фæци, богъбогъгæнгæ. - Цы? - йæхимæ дæр нæ фехъуыст, ахæм мыр сæппæрста, æмæ йæ уæнгтæ ауазал сты. Йæ сæры цы февзæрд, уый дысоны фын... «Фесæфтæн» - зæрдæ дзæнгæрджытæ ныццагъта. Дуду лæппуйы фæстæ ныййарц æмæ Мадинæ дæр тагъд къахдзæфтæй рахызт. Къатины кæртæй куы рахызт æмæ уæлæ- мæ, сæхирдæм куы акаст, уæд цыппар лæппуйæ Сосланы гом дуарæй мидæмæ бацæйхастой... Цыд, цыма тагъд-тагъд иста йæ къæхтæ размæ, фæлæ нал хæццæ кодта йæ хæдзармæ, уæрджытæ цудыдтой. Адæм та кæу- гæ цъусгай мидæмæ ивылдысты. Мадинæ нæ куыдта... Уыд хъарм бон, сæрдыгон бон. Уымæн та уазал уыд, зыр-зыр кодта буар. Æнæуыйдæр, урсцъар цæсгомы цыма туджы цъырт нал уыд, ныффæлурс митау. Цæстытæ та, йæ рæвдауæг цæстытæ цæхæртæ калдтой æмæ йæ развæндаг нал уыдта. Чидæр ын йæ къухæй сывæллоны айста, чидæр ын йæ цонгыл ныххæцыд æмæ йæ мидæмæ, хæдзармæ бакодта... Сосланы раззаг уаты сынтæгыл æрæвæрдтой. Тембол куыдта, афтæмæй архайдта мардимæ, йæ цæнгтæ йын раст кодта. Лæгтæ Мадинæйы ауынгæйæ, сæргуыбырæй, иуварс алæууыдысты. Мадинæ Сосланы туджы амæхст цæсгоммæ куы æркаст, уæд æвиппайды æрæмбæрста йæхи. Алцы афтæ ирдæй уыдта æмæ диссаг у, фаэлæ йæм кæуын не ’рцыд, йæ зыр-зыр дæр фенцад. Сæры æрмæст иу хъуыды тыбар-тыбур кодта: «Мачи мацы хъуа- мæ базона! Уал азы æмбæхстæй цы фæдардтам, уый мачи хъуа- мæ базона!..». мбол ^е ’фсымæры уæлхъус æмырæй, фæлурсæй лæугæйæ, ндзы цæсгоммæ ахæм цæстытæй бакаст, æфхæрд саби йæ мад-
мæ куыд бакæсы. Бамбæрста йæ Мадинæ - йе стыр ныфс ра- фæлдæхт æмæ йæхи зыбыты иунæгæй хаты, кæд ын цыппар лæппу ис, уæддæр... «Уæдæ ма æз кæмæй авæрон ныфс, кæд ды бирæ бинонты æхсæн дæр мæгуырæй хатыс дæхи æнæ Сос- ланæй»... - ахъуыды кодта æмæ цыдæр мæстыйы æнкъарæн февзæрд йæ зæрдæйы. Кæмæ мæсты кодта? Йæхимæ, искæмæ? Нæ йæ равзæрста, фæлæ сæрызонд, цыма, фæрухсгонд æмæ: «дæ фарсмæ исчи куы лæууа, уый хорз у, фæлæ дæхæдæг фæкæлын ма хъуамæ бауадзай дæхи», - æмæ Темболæн йæ цонгыл рахæ- цыд, мидæггаг уатмæ йæ бакодта, дуар рахгæдта æмæ иуцас- дæр цæуылдæр дзырдта йемæ. Стæй скъаппæй урс гобанæм- бæрзæн райста æмæ сæ дыууæ дæр рахызтысты. Мадинæ мардмæ бацыд, æмбæрзæн ыл хъуамæ байтыдта- ид, къухæй йæм куы бавнæлдта, уæд фæхатыд - нырма хъарм уыд буар - æмæ йæ хъуыды аивта: «изæрмæ цæмæн æнхъæлмæ кæсæм, дуармæ ацæуæнт адæм æмæ йæ нæхæдæг ныннайæм, нæ дыууæ...». Темболмæ бакаст, æмбарынгæнæг цæстытæй йæм ба- каст æмæ Тембол адæмæн загъта: - Ахизут уал æддæмæ иучысыл рæстæг. Адæм рацыдысты кæртмæ. Тембол йæ хистæр лæппуйы фæу- рæдта. - Дон æрбахæсс ведраты. Æмæ се ’ртæ базылдысты мардмæ... 4 Мард цалынмæ уæлæуыл уыди, уæдмæ Тембол æмæ йæ би- нонтæ æхсæвæй, бонæй иууылдæр уым уыдысты. Ануси æмæ хистæр лæппу Ацæмæз изæр-райсом-иу хæдзармæ бауадысты, фосмæ-иу базылдысты, стæй иууыл Сослантæм архайдтой. Хъæубæстæ дæр лæггад кодтой æмæ уыцы цыппар боны Мади- нæ, марды уæлхъус бадгæйæ дæр, ныфссастæй нæ зынди. Раст зæгъгæйæ, йæхи уды мæт æй не ’ндæвта. Афтæ æнæнхъæлæ- джы иунæгæй кæй аззади æмæ æнæ Сосланæй йæ цард куыд ацæудзæн - ацы тæссаг хъуыдыйæ йæхи дард ласта. Ацы уæззау бонты хæдзар, кæрт æдзух адæмæй йедзаг уыд, æхсæвбадæнты дæр-иу афтæ бирæйæ уыдысты æмæ йæм йæ иунæгдзинад афтæ карзæй нæ хъардта.
Фæлæ цыппæрæм бон ахастой Сосланы мард, бавæрдтой йæ æмæ, уæлмæрдæй фæстæмæ куы æрыздæхтысты, уæд фыццаг йæ уæнгтæ цæмæй ’рызгъæлдысты, уый уыд æфснайд хатæн: ба- хызт мидæмæ^æмæ йыл цыма къултæ базыр-зыр кодтой, афтæ йæм фæкаст. Йæ цæст ахаста къуымтыл - абон райсом дæр ма уаты астæу æвæрд сынтæгыл Сослан хуыссыд. Мардæй хуыссыд, фæлæ ам уыд, йæ хæдзары. Ныр сынтæг къулмæ - йæ раздæры бынатмæ байстой, фынг æмæ бандæттæ дæр сæ раздæры бына- ты, фынгыл хисты хæринæгтæ, нуæзт, сылгоймæгтæ ма ноджы цыдæртæ хæссынц æмæ æвæрынц... Стæй Ануси дæр æрбахызт, йæ къухы Батик. Сывæллон йæ мадмæ йæхи баивæзта. - Гыцци! - сдзырдта цингæнгæ, бахудти йæм æмæ уæд Ма- динæ ’рæмбæрста йæхи. Райста Анусийы къухæй лæппуйы, аба йын кодта æмæ йæ йæ риумæ балхъывта, сæры та иунæг хъуы- ды февзæрд: «Абонæй фæстæмæ ма æрмæст ды дæ мæ удлæу- уæн, мæ царды иунæг рухс таг...» æмæ йæ цæссыг сабийы цон- гæй асæрфта. Уæдмæ æрбамбырд сты устытæ, фылдæр - дард хъæутæй æрцæугæ хиуæттæ æмæ фынгыл рабадтысты. Хъуыста Мадинæ, куыд ын куывтой, ныфсытæ йын æвæрд- той æмæ сын бузныджы нысанæн уый дæр йæ сæрæй куывта. Фæлæ йæ абон ничиуал æмæ ницыуал æндæвта, æрмæст ма йæ куы ныууадзиккой ацы хорз адæм æмæ йæ куыдничи уына, аф- тæ йæ маст куы суадзид. Æмæ уыцы æхсæв Мадинæйы царды уыд се ’гасæй даргъдæр æхсæв. Адæм куы фæцыдысты сæ хæдзæрттæм æмæ устытæ фынгтæ куы сæфснайдтой, уæд æризæр, æрталынг, фæлæ æд- дейæ уырдыглæуджытæ æмæ лæггадгæнджытæ сæхицæн æрæ- вæрдтой фынг. Ануси Мадинæйæн загъта: - Адæм ам бирæ фæбаддзысты, фæлæ уыдонæн Тембол рат- дзæн æгъдау. Ды та цом æмæ баулæф. Батик æмæ Бадзи дæр ба- фынæй сты. Схуысс ды дæр. Æз ацæуон æмæ та райсом ам дæн, ма тыхс. - Хорз, - бакодта Мадинæ йæ ныхæстæм æмæ йын йæ цæс- гоммæ бакаст. Нæ, ацы хатт йæ æрхæндæг хуыз зæрдæбын маст æвдисæг уыд. Æмæ йæ зæрдæ суынгæг Мадинæйæн: «Æцæг тæ- ригъæддагæй куы баззадтæн, кæд ацы дурзæрдæмæ дæр ба- аРДта ме стыр æнамонддзинад...». Фæлæ дзы уæддæр фæбуз-
ныг, йæ файнусты аудгæ хъæлæс дзы чысыл ныфсы рухс ба- уагъта. Стæй бацыд мидæмæ, Батикы арæхстгай систа, йæхи сынтæджы йæ схуыссын кодта, Бадзийы хъæццулæй бамбæрзта æмæ йæхæдæг дæр уатыл йæхи æруагъта. Уæнгты фæллад фæлмæн уаты чысылгай ’рысыст, фæлæ сæ- ры хъуыдытæ хæлбурцъ кодтой æмæ цас фылдæр архайдта бафы- нæй кæныныл, уыйас ноджы ирддæр кодтой нывтæ, йæ царды фæстаг бонты нывтæ æмæ йæ сæ фæстæ ластой. Сосланимæ сæ бацарды фыццаг бонты цаутæ мысгæйæ, йæхиимæ хыл код- та: «Цæмæннæ атыдтон мæхи уыцы фыдæбæтты рæхысæй йæ рæстæгыл, цæмæннæ? Афæдзы фæстæ дæр ницы æрымысыд- тæн мæ сæрæн. Мæ мæгуыр мады уынынмæ куы ацыдыстæм Сосланимæ, уæд фæндагыл куы аскъуыддзаг кодтон - фæстæмæ нал раздæхдзынæн, зæгъын, уæд ма мыл цы æндзыг бафтыд? Цæмæннæ загътон мæ мад, ме ’фсымæр, мæ чындзæн, цæй мидæг уыд хъуыддаг, чи зоны мын уыдон аскъуыддзаг кодта- иккой мæ хъысмæт. Фæлæ та мæ цæсгом нæ бахъæцыд, уымæн æмæ мæхæдæг уыдтæн азымджын. Ме ’фсымæры сæрæй дæр нæ фæндыд, хъæутæм ацыдаин чындзы, нæ разы кодта, уæддæр нæ басастæн - бауарзтон æй, йæ фыццаг фендæй мæ зæрдæйæ нал цух кодта. Афтæ мæм каст, æндæримæ цæрын мæ бон нæ бауыдзæн. Æуый у, æвæццæгæн, фыццаг уарзты стыр тых æмæ мæ сбаста. Фæстагмæ нæ бинонтæн дæр сæ зæрдæмæ фæцыд си- ахсаг - уынд дзы нæ уыд æви æгъдау, мæгуыр йæ бон. Æмæ ма ныр мæхи дæр æмæ хохыйас лæджы дæр худинаджы бын куыд фæкодтаин. Куы рахъæр уыдаид - цæй тыххæй ахицæн стæм, уæд уый дæр æнамондæй баззадаид. Æмæ æз дæр æндæры фæстæ куы фæцыдаин, уæд ома амондджын уыдаин? Йæ тæригъæд мын батадаид? Нæй, ме ’намондæн æй бауарзтон афтæ бирæ... Фыц- цаг уарзты рæсугъд æнкъарæнæй мæ фæхайджын кодта Хуыцау, уæд дæлæмæ æрхауæд, фæлтау æппындæр куыникуы ницы федтаин, ахæм æнамонды уарзты бæсты, афтæ куы баззадаин æнæмойæ...» Фæрссæгтæй рухс мидæмæ цадæггай æрбахъуызыд. Хъустæ дуары хъинцъ æмæ сабыр къахдзæф ацахстой - уый Тембол рай- хъал, арæхстгай сыстад æмæ кæртмæ ахызт. Ноджы иуцасдæр хуь!ссыд Мадинæ æнæфезмæлгæ. Стæй ракаст, рухс фæфылдæр. ^^о^у^ 406 ^х^о^©»
Ныр ирдæй зындысты хæдзары алы дзаумæттæ. Касти Мади- нæ, аив йæ цæстæй барста æмæ иу уысм иууылдæр йæ удхæссæг фестад, хæдзар дæр, йæ сæр дæр. «Сыстон æмæ мæхи искуыдæм фесафон! Цæмæн ма мæ бахъуыдысты, цæй тыххæй фæфыдæбон кодтон... Æмæ цæугæ дæр кæдæм фæкæнон?..». Уаты Батик базмæлыд æмæ усæн йæ зæрдæ фæкуыддæр: «Æмæ амæн та цы дæ зæрды ис? Иу хатт æй йæ ныййарæг ра- уæлдай кодта, æмæ йæ ныр ды дæр хъуамæ тæригъæддагæй ныппарай?.. Нæй, уый мæ удæгасæй никуы уыдзæн, мæ зæрдæ, никуы!» Æмæ йæ йæхæдæг дæр нæ фæхатыд, афтæ цырд фестад уатæй. Сæр уыд уæззау, фæлæ йæ пысултæ акодта, хиæхсæнмæ бацыд, ныхсадта йæ цæсгом, йæхимæ базылд, куыд-иу зыдта, аф- тæ, æмæ кæсæнмæ бакаст... сæры хъуынты урсытæ æвзистæрт- тывд кодтой. «Афтæ дæр ма вæййы?..». Бандонæй йæ сау кæл- мæрзæн систа æмæ йæ йæ сæрыл æркодта, йе ’рфгуыты онг. Бонæй адæймаг уæддæр æнцонæйдæр уромы рыст æмæ зæр- дæйыл æртыхсгæ уæззау равг. Цыма боны рухс, хуры хъарм ца- хæмдæр тых бауадзынц уæнгты æмæ йæм змæлын, архайын æрцæуы. Æмæ цард дæр æндæр циу - хъуамæ архайай, исты ара- зай, иугæндзон змæлай, дæ алыварс уæвджыты фарс балæууай, цæмæй дæ бон у, уымæй æмæ уæвынады мидисæн дзуапп дæт- тай. Æмбæрста алцы Мадинæ, зыдта. Фæлæ сылгоймаг цыфæн- ды зондджын æмæ тыхджын куы уа, уæддæр йе сконд афтæ у - аудæг, узæлæг ын хъуамæ уа. Уыцы миниуæг дæр ын, æвæццæ- гæн, Хуыцауæй схайгонд у - йæ уды хъарм, йæ уаз, адæймагон æнкъарæнтæ кæуыл батайын кæна, ахæм искæйы йæ фарсмæ хъуамæ хата æмæ дзы йæхæдæг дæр йæ удæн æнæмæнгхъæуæг хæлц иса. Ныр фæци, нал ын ис уыцы æнæфæтасгæ бæлас, кæ- цыйы аууоны-иу йæхи сæрибарæй æмæ æдыхстæй хатыд. Нал ын ис Сослан æмæ абонæй фæстæмæ йæхæдæг алцæмæн æмæ алкæмæн дзуапдæттæг хъуамæ уа! Зæгъын бæргæ æнцон у... Дуармæ рахызт Мадинæ æмæ кæрты Темболы архайгæ ауыд- та - зноны хисты фæстæ алцы сæ бынæтты æфснайдта. Ус æм куы баввахс, уæд ын аудгæ афтæ бакодта. - Афтæ æхсæвыцъæхæй цæмæ сыстадтæ Мæди, баулæфы- даис. Мадинæ зæгъын ницы сфæрæзта, фæлæ йæ цæсгомыл ахæм рисгæ мидбылхудт фæзынд, кæцыйы фендæй Тембол алцы æнæ-
исты зæгъгæ дæр дзæбæх бамбæрста. «Цы мæ бон уа, уымæй дын дæ рыст æнцондæр кæндзынæн, мæ дзæбæх чындз, ницæуыл дæ бахъæудзæн тыхсын мæ удæгасæй». Æмæ æцæгæйдæр Тембол нæ, фæлæ ма Ануси дæр алыбон ам уыд, сабатбонтæ дæр йæхæдæг сыхаг устытимæ цæттæ кодта, Мадинæйы æвналын ницæмæ уагъта: «Ды æрмæст сывæллонмæ кæс, æндæр дæ ницы тыхсинаг ис, мæнæ куы стæм», загъта йын- иу, Мадинæ исты аразынмæ куы бавнæлдта, уæд. Фæлæ бонæй-бонмæ ус фæстæмæ-фæстæмæ цыд, алæбырди. Йæ зæрдæ хæрд нал агуырдта æмæ смæллæг и, йæ пысултæ йыл ауыгъдау уыдысты. Ануси йын-иу тыхамæлттæй бахæрын кодта къæбæр æмæ-иу ыл хатт барджыны буцтæ скодта: - Амæлдзынæ æххормагæй æмæ ма нæ дæ маст хъæуы, нырма иу дудгæбонæй куынæма фервæзтыстæм!. Мастимæ æрвитгæ бонтæ даргъ вæййынц, фæлæ дыууис- сæдзæм бон дæр æрхæццæ. Йæ саразыныл дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, Тембол бацархайдта. Йæхи уæныг аргæвста, алцы йæ- хæдæг самал кодта æмæ балæггад кодта адæмæн, куыд æмбæлд, афтæ. Сосланы амæлæты фæстæ хæдзары хистæрæй баззад æмæ цымæ æфсымæртæ уæрст дæр нæ уыдысты, афтæ дыууæ хæ- дзары бæрн дæр йæхимæ райста. Йæхи хæдзары фезмæлæг уыд æмæ йæхæдæг фылдæр Сослантæм архайдта алцæуыл. Мадинæ ацы бинонтæм чындзы куы æрцыд, уыцы бонæй фæстæмæ Темболмæ æфсымæры зæрдæ дардта. Кæрæдзи хорз æмбæрстой æмæ, æнæисты зæгъгæ, æууæндыдысты кæрæдзи- йыл. Ие стыр сусæггаг дæр æрмæст Темболæн уымæн схъæр кодта - зыдта йæ, йе ’фсымæры сыгъдæг ном бахъахъхъæдтаид. Йæхирдыгæй Тембол дæр стыр кад кодта йæ чындзæн æмæ ныр уыцы хабар базоныны фæстæ та, Мадинæ йæ цæсты цы уыд, уымæй мин хатты уæлдæр схызт. Йæ иунæг æфсымæры, æппæт мыггаджы ном æмæ кад афтæ сыгъдæгæй кæй бахъахъхъæдта, йæ цардæмбалы аипп йæхимæ кæй райста, уымæй Темболы зæрдæйы ахæм уаз æнкъарæн сæвзæрын кодта, цыма зæххон адæймаг нæ уыд, фæлæ цыдæр уæларвон уд. Йæ хъуыдыйæ нæ хауди, Мадинæ йын цы радзырдта, уыцы хабар: «Иу хатт куыд никуы фæхатыдыстæм, се ’хсæн исты æнæмбарындзинад уыд, уый. Кæнæ истæуыл кæрæдзимæ фæзулдзых сты... Алыхатт рай- дзас;г цæсгомæй, алыхатт рæвдаугæ ахаст алкæмæ - чысылæй,
стырæй нæ йæ уарзæгой ахастæй йæхиуыл баста. Цыфæнды æвзæр зæрдыл дæр-иу бацыдтæн хæдзармæ, уæддæр-иу мыл афтæ хъæлдзæгæй сæмбæлдаид, Анусийы æнахъола митæ-иу мæ æрбайрох сты. Нæй, мæ уæздан, мæ зондджын чындз, уæд Тембол куыдз фестæд, дæу исчи фæхъыг кæна æмæ æз уымæн аккаг ма фæуон. Тиуы нæ, æфсымæры бынаты дын дæн æмæ дын мæ амæлæтмæ лæггад кæндзынæн. Дæуæн дæ сыгъдæг удыхъæд æмæ адæй- магдзинадæн æвзагæй зæгъæн нæй». Æмæ йæхиуыл нæ ауæрста Тембол - хæдзары нæлгоймагмæ цы куыстытæ хаудта, уыдон алцы Сосланау зæрдиагæй æмæ би- ноныг арæзт кодта, цыма тарсти - мæрдтыбæсты мыл ме ’фсы- мæры зæрдæ мацæмæй бахуда. Мадинæ раздæрау æрмæст хæ- дзарон хъуыддæгтæ арæзта, æфсинмæ цы хаудта, уыдон - сыгъ- дæгдзинад, хæринаг йæ рæстæгыл, сывæллонмæ зилын. Афтæ дæр-иу арæх æрцыд, æмæ æхсæв дæр куыствæлладæй хæдзармæ ацæуын фæзивæг кодта æмæ-иу Сослантæм базза- ди æмæ Бадз^имæ бафынæй. Фыццаг къуыриты, уæлдайдæр цалынмæ дыууиссæдзæм бон нæ ацыд, уæдмæ ацы хабармæ Ану- си уыйбæрц йæ хъус нæ дардта, ницы уыйас нысаниуæг ын лæ- вæрдта. Цы дзы уыд диссагæй - йе ’фсымæры бинонтæм æххуы- сы къух бадарын йæ хæс уыд, уæдæ куыд. Фæлæ рæстæг куыд цыди, афтæ дызæрдыггæнæг хъуыдытæ фæзындысты фай- нустæн йæ сæры. Цахæмдæр хæлæг, уыцы рагон хæлæг та рай- хъал йæ уды. Æмæ-иу Тембол æрæгмæ æрæгмæ куы æрбацыд хæдзармæ, уæд-иу ын хъылма ныхæстæй фысым фæци. Тембол та йын-иу йæ ныхæстæ йæ иу хъусы фæрсты ауагъта. Йе ’фсымæ- ры хæдзар æй афтæ тынг ласта йæхимæ, афтæ йæм фæцайдагъ, æмæ цыма цавæрдæр уаз бынаты уыд, æнæмæнгæй цæуын æм хъæуы, йæ хæс хъуамæ бафида æмæ уæд йæ удæн фенцондæр уыдзæн. Афтæмæй-иу дзы кусинаг куыницы уыд, уæд дæр æнæмæн- гæй хъуамæ бауадаид. Йе ’фсымæр æм нал ракæсдзæн, иумæ нал абаддзысты адджынæн, уый хорз æмбæрста, фæлæ уæддæр ардæм тындзыдта йæ зæрдæ, ардæм æй хастой йæ къæхтæ. Сæ- химæ, йæ бинонтимæ цыма исты аххосджын уыд, куыддæр дзу- рын нал арæхст. Йæхимæ дæр мæсты кодта, а ус хылгæнаг у, фæ- лæ сывæллæттæ цы кодтой, цæмæннæуал ары семæ иумæйаг
æвзаг? Æнæуи, бынтон йæхи аххос дæр нæ уыд - хистæр лæппу дæр куыддæр смадзура и, кæд æм фыд хъуыддаджы фæдыл сдзырдтаид, уæд сдзуапп кодтаид, иннæ рæстæг йæ уроктæ ахуыр кодта, кæстæр æфсымæрты дæр, цалынмæ сæ уроктæ нæ сахуыр кодтаиккой, уæдмæ сæ хъазынмæ нæ уагъта. Уымæй дзы бузныг уыд фыд. Æмæ-иу йæхи афтæ фæхатыд, цыма ам ницы уыйас хъæуы йæ сæр æмæ та-иу фæстæмæ Сослантæм айста йæхи. Ам, Бадзи æмæ чысыл Батикмæ хъусгæйæ, улæфыд. Батик- иу йæ хъæбысмæ куы сбырыд, уæд-иу æй лæгъзытæ кодта. «Со- сланы бæсты мæнæй домы саби фыды рæвдыд», - хъуыды кодта æмæ та-иу æхсæв уым баззад лæппутимæ. Ацы хабар куыдфæстагмæ Анусийы æрра кодта. «Ам хъуыд- даг раст нæ уыдзæн. Ацы ус цыдæр хингæнæг у, æндæра цы æр- ратæ кæнынц ацы лæгтæ? Нырма уыд, æмæ йæ Сослан зæххыл бадын нæ уагъта. Ныр уый нал ис æмæ нæ фидиссагыл бафтыд. Мæ цард мын халдзæн æнæмæнгæй». Æмæ ныр йæхæдæг дæр арæх-арæх райдыдта Мадинæмæ бауайын. Куы Бадзийы æфсон, кæд дæ мæсты кæны, уæд æй акæнон, зæгъгæ, куы-иу ногконд хъарм кæрдзынтæ æрбахаста цыхты гуымбылимæ. Æмæ-иу кæд Темболы пысултæ бæндæныл æхсадæй ауыгъдæй æрбаййæфта, уаВД раздæр цин кодта, йæ бæсты сæ кæй æхсадта, ныр та мæсты кодта: «Ныхс ын сæ! Æндæр та цы зоныс, дæ куыстытæ дын кæ- ны æмæ йæм дæхæдæг зил!». Фæлæ, куыдфæстагмæ, æндæрæр- дæм фæзылд йæ хъуыды: «Ныр дæумæ куы æрбынат кодта ацы фидиссаг, уæд мах та кæй æвджид уадзынмæ хъавы? Нæй, амæн цыдæр дары йæ рæсугъд чындз! Нырмæ мæгуыр Сосланы дард- та фæсдзæуинæй, ныр ын уый нал и æмæ махоныл бафтыд». Иу æхсæв дæр бирæ фенхъæлмæ каст Ануси Темболмæ. Фæс- ахсæвæрæй ахызт, уый уæддæр нæ æмæ нæ разынд. Уыцы изæр та Мадинæ æмæ Тембол ныхасыл фесты - куыд хуыздæр дур са- разын кодтаиккой Сосланæн. Мадинæйы фæндыд дыууæйæн сарæзтаиккой - ома йæхицæн дæр. Ууыл Тембол нæ разы кодта - нæ, дам, фæччы, гæнæн ис, уæлмæрд дыууæйæн сæмбонд кæнæм, фæлæ дур сæвæрын удæгасæй нæу хорз. Афтæмæй рæстæг ахызт æмæ ацы хатт Мадинæ йæхæдæг загъта Темболæн - Ам бафынæй кæн, ацы талынджы ма цы фыдæбон кæнай æмæ уый дæр Бадзийы цур æрхуыссыд æмæ бафынæй. Анусийæн та йæ маст йæ хъуырмæ схæццæ æнхъæлмæкæсынæй æмæ рацыд йæ
агурæг. Скъæты дуары цур цы уис уыд, уый райста, кæд куыйтæ мæ фæстæ рæйой, уæд мæ бахъæудзæн, зæгъгæ, æмæ ранцад уыцы талынджы. Сосланты кæрты дуар зынбакæнæн нæ уыд - къухæй йæ аиуварс кодтаис æвдузæн æмæ фегом уыдаид. Бахызт кæртмæ, арæхстгай, къахдзæфтæ нымайгæ схызти асинтыл. Раз- заг хатæны дуар æрдæггом уыд æмæ Темболы хуыр-хуыр цыд... Лæууыд дуары цур Ануси æмæ йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпмæ хъуыста: «Бацæуон æмæ йæ къахæй раласон йæ уатæй... Фæлæ цас раст уыдзæн, ацы æрдæгæхсæв хыл сызмæнтын, сывæллæт- ты фæтæрсын кæнын... Нæ, афтæ хорз нæу. Мæнæ-мæнæ сæ иу уаты æрбаййæфтаин, уæд мын алцæйы бар дæр уыдаид. Ныр та мын мæхи фæзылын кæндзысты. Æнæхъæн хъæу дæр æм ахæм цæстæй кæсынц, цыма мын Мадымайрæм у, æвзæрдзинад куыд бахæсдзæн йæ сæрмæ! Мæхи мын фæзылын кæндзысты æмæ ныффидиссаг уыдзынæн...». Ахъуыды кодта æмæ арæхстгай фæстæмæ раздæхт, йæхимид тыфылтæкалгæ. Райсомæй Тембол раджы сыстад. Цом, знон ма мын дзы цы аззад рувинагæй, уый фæуон æмæ стæй хæдзармæ бакæсон», - ахъуыды кодта æмæ кæртæй куы хъуамæ рахызтаид, уæд дуа- ры цур йæ уис ауыдта. Дисы бахауд: «Ай мæ уис куы у æмæ йæ мемæ куыникуы рахæссын, уæд ам кæцæй фестад?». Стæй кæр- ты дуар дæр дысон йæхæдæг куы сæхгæдта... Цыма йæ кардæй фæрæхуыстой, афтæ фæци. «Кæцы сæ рацыд мæ агурæг, Ацæмæз æви уыцы ус? Ацæ нæ уыдаид... Кæд Ануси, уæд цы сусæгæй зилы мæ фæстæ, стыр æфсæрмытæгæнаг у æмæ мæм нæ бауæндыд!? Фæлæ фæстаг рæстæджыты Мадинæйы æвзæры кой нал фæ- кæны, Сосланы удæгасæй-иу æй фæсвæд куыд æфхæрдта, афтæ нал кæны, цыма йæ зылын бамбæрста, афтæ мæм кæсы. Уæдæ ныр цы ахъуыды кæна лæг? Уый йеддæмæ ничи уыдаид, уымæн цытæ æрцæуа йæ сæрмæ, ахæм никæмæ. Æндæрæбон мыл цы хъæстæ ныхæстæ ныххуырста, уымæй мæ бынаты æндæр исчи, нæ зонын, цы йын бакодтаид. Æгæр- æгæр кæны æмæ йæм æмбæлы, ацы уисæй йын йæ рагъ сгæрæм- тæ кæнон, фæлæ мæ сæрмæ куыд бахæссон ныр зæрондæй сыл- гоимагмæ мæ къух сисон. Стæйдæр дзы цы рауайдзæн - уисæй фосæн дæр ницы бамбарын кæндзынæ, уæддæр нæ басæтдзæн». Уис йемæ рахаста Тембол æмæ цæхæрадонмæ рувынмæ нал, фæлæ хæдзармæ рацыд. Куыддæр сæхи кæртмæ бахызт, афтæ
Ануси дæр скъæтæй рахызт, йæ къухы æхсырæй йемыдзаг вед- рæ. Темболы куы ауыдта, уæд фырæнæнхъæлæджы фæкуыддæр, фæлæ йæхи нал басаста æмæ йыл тыхмидбылхудгæ нытътъæпп кодта: - Хорз у, æмæ дыл сбони, æндæра æхсæв талынджы дæ хæ- дзармæ фæндаг нал фæзоныс! Тембол æм ахæм дæлдзиныггæнæг цæстытæй бакасти æмæ æндæр исчи Анусийы бынаты загътаид: «Зæххы скъуыды куы аирвæзин», зæгъгæ. Фæлæ йæ ус бынтон æндæрæрдæм бамбæрс- та: «Йæ удхæссæг фестадтæн. Куыд æнæуыноны цæстæй мæм ныккасти. Нæй, уыцы хинæйдзаджы бауарзта, æз та ам ничи дæн, нæ? А чызг дæ фæсмойнаг фæкæндзæн! Фæлæуу, фæлæуу, æз дæуæн фенын кæндзынæн...», - мæстæй æхсидгæ бахызт хæ- дзармæ, ведрæ ’рæвæрдта, цыхт иу цы аджы ахста, уый тæрхæгæй райста, стæй къулыл ауыгъд фæрсудзæнмæ бавнæлдта, фæлæ йæ къухтæ фырмæстæй афтæ зыр-зыр кодтой, æмæ фæрсудзæнæн йæ тъæпп æхсыры ведрæйы фæцыд. Бынтон сæрра ус: «Æз дæуæн фенын кæндзынæн. Хæдзары- дзагæй цæрæнбонты ме ’ккой стут, алцы мæ аразинаг у æмæ мын ноджы мæ фыдæбæттæ уымæй фидыс, нæ? Ныр де ’фсымæры рæсугъд усы цур æз ницыуал дæн, нæ? Рæсугъд у, сыгъдæджытæ уарзаг, æндæр ын цы хъуыддаг ис йæхимæ зилыны йеддæмæ? Йæ къухмæ къæпи никуы райста, ам базæронд æмæ хъуг дуцын дæр куынæ зоны. Æгæрыстæмæй йæ, йæ лæг скъæтмæ уадзгæ дæр нæ кодта - фаджысы тæф ма скæна! Ныр ын лæг нал ис, - уæд тиу ам нæй, цы! Ныр та йын уый хъуамæ лæггад кæна! Лæггад ын кæнæт, фæлæ кæд рæстуд адæймаг у, уæд æхсæвыгæтты уым баззайын æнæмæнг хъуыддаг у? Исчи йæ скъæфгæ кæны?». Æхсысти Ануси, фырмæстæй фæцæйтыдта æмæ мигæнæнтæ куы йæ къухæй зæхмæ хаудтой, куы сæ кæрæдзийыл тъæпп код- та æмæ сæ гыбар-гыбур æддæмæ хъуыст. Тембол фос рауагъта æмæ сæ хизынмæ аскъæрдта. Хъæу- бæсты хъомгæс æдлæдзæг лæууыд æмæ Темболы цæмæйдæр ба- фæрсынмæ хъавыд, йæ размæ ракъахдзæфтæ кодта, фæлæ йын Тембол салам загъта æмæ йæм дзурынмæ не ’рлæууыд. Æндæр хатт-иу зæронд лæгимæ аныхæстæ кодта, фæлæ абон нæ уыд йæ дзэебæх зæрдыл æмæ ратагъд кодта.
Хистæр лæппуйы æддейæ йæхи æхсгæ æрбаййæфта. Хъуамæ йæ афарстаид - ацы уис дæуæн баззад Сослантæм, зæгъгæ, фæ- лæ æвиппайды фæивта йæ хъуыды. Йæ цæсгоммæ йын куы ба- каст, уæд æм йæ зæрдæ сдзырдта: «Ай ницы гæнæг у. Уый уыд, уымæн афтæ æлхысчъытæ кæны мæгуыр усы. Мæгуыр... Мæгуыр ай йæхæдæг у, афтæ саузæрдæ æмæ хæ- лæгæй цыбырзонд... Уый та, уый афтæ уæззау масты фæстæ дæр нæ сафы йæ уды сыгъдæгдзинад, йæ уæзбындзинад... Уый цы æмбæхсы йæ удрæбын цæрæнбонты, уый цы бабыхста... Кæи- мæ бары йæхи...», - æмæ та йæ хъустыл, иу азы размæ цы загъта Мадинæ, уыцы ныхæстæ ауадысты: «Тембол, дæ низтæ, нæхæ- дæг æй ныннайæм... Æмбарыс? Нæхæдæг. Мачи йын хъуамæ фена йæ буар, мачи йын хъуамæ базона йæ сахъат...». - Фестут, æви ма уын дзы баззад кусинаг? - бафарста лæп- пуйы. - Фæдæн æй знон, фæлæ йæ донхæр хъæуы, мæнмæ гæсгæ. - Абон райсом æй мæхæдæг бадонхæр кæндзынæн, - загъта лæппуйæн æмæ Анусийы хъæрæй ныхас куы райхъуыст хæдза- рæй, уæд та йæ зæрдæйы уаг фехæлд - бамбæрста йæ «Сывæл- лæттимæ йæ цы хылкæнинаг ис, мæнмæ мæсты кæны æмæ мæ бæсты уыдоны æфхæры». Нал бацыд хæдзармæ, къæпи райста æмæ цæхæрадонмæ ацыд. Ацæмæз хатыд, ацы фæстаг бонты мад æмæ фыд цыдæр кæрæдзи мидæг систы. Мад раджы дæр хъæрæй дзураг уыд, иу- уыл йæхион скъæрдта, фæлæ йæ хыл уæд афтæ карз нæ уыд, цæмæ æмæ кæмæ хыл кодта, уый чи цы разнаггад кодта, уымæ гæсгæ уыд. Ныр та ницыгæнæг сывæллоныл æнæаххосæй йæ пырх калы. Йæ фыдмæ дæр йæ зæрдæ къæпп кодта лæппуйæн. Иæ хæдзары, махимæ цыма йæ зæрдæ нал лæууы, æдзух Сос- лантæм вæййы æхсæвæй, бонæй. «Æнæуый уæдæ цы хъуамæ кæна - æндæр чи хъуамæ фæкæса уыдонмæ дæр, Мадинæйæн цы йæ бон у?.. Мæ мад цыма раст не мбары хъуыддаг. Ныр Тембол дыууæ бинонтæн хистæры бына- ты баззади, уæдæ цы кæна. Фæлæ-иу иумæ куы бакусиккам ныр- ма нæхиуæтты, стæй Сосланты зæххы фадгуытæ, уæд æнцондæр æмæ тагъддæр нæ рауаид хъуыддаг?» - стыр лæджы хъуыдытæ кодта Ацæмæз, æниу чысыл дæр нал уыд, уыцы аз астæуккаг скъола фæуд кодта, æнæуыйдæр, зондджын, уæзбын лæппу уыд, æмбаргæ.
Ацæ хæдзармæ куы бахызт, уæд йæ кæстæр æфсымæртæ фын- гыл бадтысты æмæ уый дæр семæ æрбадт. Ануси йæ хъус æддæ- мæ дардта, фæлæ Тембол куынæ æрбахызти, уæд та йæ мастыл маст бафтыд: «Кæсыс, фæстæмæ та уымæ ацыд!» æмæ Ацæмæ- зæн бардзырды хуызы афтæ: - Бахæр æмæ ацу, Бадзийы хæдзар- мæ ракæн! Кæдмæ хъуамæ уым уа! Ныр ыл фæзæрдыйæ сты! - Гыцци, Бадзи æмæ Батик кæрæдзийыл афтæ сахуыр сты, уыдон фæхицæн кæнын ныр зын хъуыддаг у, - худгæ загъта Ацæмæз. - Цыйы? Дæ фыд ын фаг нæу фæсдзæуинæн, мæ лæппуйы дæр ма йын сывæллонгæсæй куы бауромин! Ацу æмæ йæ ныр- тæккæ ’рбакæн! Ацæмæз ницыуал сдзырдта, фæлæ ныр фæхатыд, цæмæн афтæ сæгъ æмæ бирæгъау систы а фæстаг рæстæджы йæ ный- йарджытæ. Фæлæ мады хъуыды, уый цæуыл дызæрдыджытæ кодта, афтæрдæм æй нæ бамбæрста, уый æгæр арф æмæ зын- базонæн уыд лæппуйæн. Ахæм хабарыл ахъуыды кæнын никуы æрцыдаид йæ сæрмæ. Мадинæйы къухы сырæзти æмæ бинонтæ кæрæдзимæ цы ахаст дардтой, уымæ гæсгæ ам ахæм истæуыл ахъуыды кæнæн нæ уыд. «Хæлæг æм кæны, иумæ куы цардыс- тæм, уæд дæр æм-иу хæлæг кодта, бинонтæ йæ иууылдæр бирæ кæй уарзтам. Ныр дæр æм хæлæг кæны», - æмæ лæппуйæн хъыг уыд, йæ мад æнæбындурæй афтæ карзæй кæй дардта йæхи... Æмæ йæ зæрдæ йæ фыдырдæм ахсайдта - «Уæгъды йын маст кæны, мæхи Тембол нæ алкæйы дæр бирæ уарзы...». Фæсхæрд се ’ртæ дæр ацыдысты Бадзийы ракæнынмæ. Мади- нæйыл хуртæ ракаст! Афтæ сыл фæцинтæ кодта, цыма сæ афæдз нал федта. Иннæахæм Бадзи, куы сын цы дзырдта Батикы ми- тæй, куы - цы, æмæ йæхи афтæ æвдыста, цыма уыдæттæ йæ- хæдæг амыдта сабийæн æмæ йæхи æцæгæй Батикы хъомыл- гæнæгыл нымадта. Лæппутæ та-худтысты йæ тыхлæг митæм æмæ хæдзар хъæлдзæг мыртæй байдзаг: Мадинæйы зæрдæ сæм ради, цыдæр ныфсдæттæг, тыхдæттæг æм кастысты се ’рдзон митæ. Адджинæгтæй, дыргъы хустæй сын фысым фæци. Дзæвгар фæхъазыдысты æмæ куы загътой Бадзийæн, ныр хæдзармæ ра- цу зæгъгæ, уæд Бадзи йæ къæхтæ ныццавта: «Кæд Батикы дæр акæнæм, уæд рацæудзынæн, кæннод - нæ!»
Ууылдæр бирæ фæхудтысты, куыд ныцъецъелæг гыццыл лæппу Бадзийыл æмæ рацыдысты. Изæры Темболæн радзырд- той, куыд нæ ракуымдта Бадзи хæдзармæ æмæ йыл Батик куыд ацауындзæг. - Æмæ йыл цы ныттыхæй стут, уадз æмæ хъазæнт, тæригъæд у иунæгæй саби, - загъта æнкъардгомауæй Тембол. Анусийæн та хъыг куыднæ уыд, фæлæ ацы хатт ницыуал сдзырдта, уыйхыгъд æхсæвæр бакойкæныны бæсты дуармæ ахызт. Цы базонын æй хъуыд, ус тæргæйттæй хъазы. Ницы та сдзырдта Тембол, кæд ын æххормаг уыд, уæддæр. Йæхи къухæй уый никуы райста хæринаг æмæ та ныр дæр банхъæлмæ каст, хъуыста лæппутæ куыд фæзмыдтой Бадзи æмæ Батикы. Ануси æрæмбæрста йæхи, æхсæвæр сын æрæвæрдта æмæ ацы хатт æнæсыбырттæй зылди къуымты, фæлæ та æндæр цыдæр æрымысыд: Темболимæ-иу кæцы хатæны фынæй кодтой, уым æрмæст Темболæн бауат кодта, йæхæдæг лæппуты хатæны схуыссыд. Ацы цау лæппутæм æнахуыр фæкаст, афтæ ма никуы уыд, æмæ сæ зæрдæты цыдæр хъыг бацыд, кæрæдзимæ фæр- сæджы цæстæй бакастысты. Бонæй алчи йæ хъуыддаг арæзта - лæппутæ скъоламæ, Тем- бол - йæ цæхæрадонмæ, фосмæ каст, Ануси дæр æрфыгæлхын- цъæй арæзта йæ митæ. Афтæ рацыд дыууæ къуыри - арв къæв- дайы размæ саудалынгæй куыд дара йæхи, Ануси дæр афтæ тар- дзæсгомæй, æнæдзургæ архайдта. Бинонтæ æнæ исты аххосагæй мидсагъæсты уыдысты. Кæд-иу лæппутæ схъæлæба кодтой, мад сæм уæд сдзырдтаид. Тембол йæ бинойнаджы хорз зыдта, йæ æнæзæрдæмæдзæугæ миниуджытæ рагæй фæстæмæ йæ зæрдæмæ бæргæ нæ цыды- сты, фæлæ афтæ нымадта - лæгæн йæ æргъомбаст Хуыцау цы фæкæны, ууыл хъуамæ хъæца. Æнæуыйдæр, барон æмæ фæл- мæнзæрдæ уыд, сылгоймагимæ хъаугъатæ дæр сæрмæбахæсси- нагыл нæ нымадта. Фæлæ ныр куыд дардта йæхи йæ цардæмбал, уымæн йæ аххосаг кæронмæ не ’мбæрста. Æнæууæнчытæ йыл кæи кæны, уый хатыд цыма, фæлæ йæхимæ ахæм хъуыддаг аф- тæ æлгъаг æмæ ницæйаг каст æмæ йæ нæ фæндыд йæхицæн ба- уырнын кодтаид - Ануси, гæнæн ис, ахъуыды кæна, не ’хсæн исты ис. Фылдæр дис кодта, куыд ис гæнæн, ахæм хъуыды æрцæуа йæ рмæ, зæгъгæ. Фæлæ иннæмæй та йæхицæн ус йæ зæрдæйæ
кæй ахаудта æмæ йæм йæ хъус кæй нал дардта, чизоны зæгъ, уый дæр у йæ знæты аххосаг. Æмæ фæивта Тембол йæ архайд, йæ ахаст. Чизоны, уыцы усы дæр йæ мастимæ иунæгæй баззайын фæфæнды æмæ йæ æз хъыг- дарын, æхсæвæй, бонæй уым кæй вæййын, æмæ иу ныр дыууæ бон иу хатт бауад, сугтæ йын-иу ныссаста, кæд дзы ахæм исты аразинаг уыд, кæд ын Мадинæ исты бахæс кодтаид, уæд-иу сæ сарæзта æмæ-иу фæстæмæ рацыд. Æхсæв никуыуал баззади, кæд ын Бадзи лæгъстæ кодта, уæддæр. Афæдз дæр аивгъуыдта. Дур æмæ æмбонд Майрæмыкуа- дзæнмæ арæзт фесты. Афæдзы хист дардыл нал сарæзтой, фæлæ сæм уæддæр бирæ адæм æрцыд. Мадинæ йæ саутæ нæ систа, хистæр устытæ йын дзырдтой, фаг у иу афæдз саутæ дарын, зæгъгæ, фæлæ Мадинæ нæ бакуымдта: - цалынмæ цæрон, уæд- мæ саударæг идæдз дæн æмæ сæ дардзынæн, - загъта фидарæй æмæ уымæй хъæуы цæсты ноджы фæуæлдæр йæ кад. Ануси дæр йæ хæрам æддæмæ не ’вдыста æмæ марды кæндты рæстæджы алыхатт зæрдиагæй архайдта, фæлæ йæ дызæрдыгдзинад йæ сæрæй нæ хицæн кодта, стæй йæм Тембол дæр нæ хылæй, нæ рæвдыдæй кæй ницы дзырдта, уый йæ иууыл хурхæргæвст код- та. Хатт-иу æрфæсмон кодта йæ митыл: «Нæ мæ хъуыд хъуыд- даг афтæ скарз кæнын, цы ис мæ къухы сæ фæазымджын кæ- ныны охыл? Ахæмæй ницы. Фылдæр рæстæг йæ ’фсымæры хæ- дзары кæй æрвиты, нæ? Уæдæ сæм чи фæкæса, куыничи сын ис мах йеддæмæ? Гъо, фæлæ кæд йæ зæрдæ йæхиуыл нæ худы, кæд афтæ сыгъдæг æмæ раст лæг у, уæд мæм цæмæннæ дзуры ныр кæдæй-нырмæ, и? Уый аргъ дæр ын нал дæн æмæ кæд исты рæдийын, уæддæр йæ сывæллæтты мад куы дæн, уæд мын сыл- гоймаджы барст ныккæна?». Æмæ иу æхсæв фæстагмæ йæ хатæнмæ раздæхт, иумæ-иу куыд хуыссыдысты иу сынтæгыл, афтæ бауат кодта. Тембол та уыцы изæр тынг фæлладæй æрцыд, йæхи сæхсадта, йæ дзабыртæ ап- пæрста æмæ æдпысултæ, тыргъы сын цы фæйнæгæй сынтæг- гонд уыд, уым бафæлдæхт æмæ бафынæй. Ануси та фенхъæлмæ каст, фынæй дæр баци, фæлæ нæй - лæг мидæмæ нал æрбахызт. Райсомæрдæм райхъал, рамæсты та ис, систа хъæццул, рахаста йæ æмæ йыл æй баппæрста хъуырхъуыргæнгæ.
- Ацы хъæбæртыл цы дæ хъиутæ хæрыс æнæхъæн æхсæв, уаты онг бацæуын дæр дæ бон нал у!? Сылгоймагау ыл нæ баузæлыд, фæлмæнæй йын нæ равдыста, йæ уд ын цы риссын кодта, уыцы æнкъарæн, йæ арм дæр ыл нæ авæрдта, фæлæ йыл йæ пырх акалдта. Дуар агуыпп кодта æмæ бахызт... Темболæн йæ цæстытæ цъынд уыдысты, фæлæ фынæй нæ уыд. Бамбæрста йæ æмæ йын фæтæригъæд кодта... - Æдылы къоппа дæ æмæ цы кæнон... ^^ * * * Æрцæуы æвзонг адæймагыл рæдыд. Æвзонгыл нæ, фæлæ цар- ды фæлтæрддзинад кæмæ вæййы, уый дæр арæх, развæлгъау куынæ ахъуыды кæны, уæд, цы не ’мбæлы, ахæм ми бакæны. Цард рзеДыдтыты халбаст у, чи зонд базоны йæ рæдыды фæстæ, чи та - цы йыл æрцæуы, уымæн рарастгæнæн куынæуал вæй- йы, уæд ын цæрæнбонты дудаг рыстæй баззайы. Дудуйæн хæ- дзарæй рахизыны фадат куы фæци, фыццаг Къатинтæм мæсæл- лæй зæгъыны тыххæй, чысыл фæстæ та - Сослантæм, уæд фæ- ныфсджынгонд и сыхæгтæй йæ ничи ницæмæй бафарста - кæм уыдтæ, кæнæ куыд сты дæ хъуыддæгтæ? Æниу уыцы тыхст æмæ мæстæйдзаг бонты кæй æндæвта Дудуйы хабар? Æмæ æдæрс- гæйæ дæр райдыдта уынгмæ цæуын. Иæ мадимæ цалдæр хатты аргъуанмæ дæр бацыдысты. Ардæм та йæ йæ къах фылдæр уымæн хаста, кæд Батикыл йæ цæст схæцид. Æцæгдæр æй цалдæр хатты суыдта, сæ цурты фæцæй- цæугæйæ: куы Бадзиимæ хъазыд сывæллон, куы, Мадинæйæн йæ хъæбысы бадгæйæ. Фæлæ йын тыхтæ никуы сфаг и, бацыда- ид æввахс, сывæллоныл куыд ацинтæ кæнынц, афтæ йыл баузæ- лыдаид. Нæ уæндыди, цыдæр æй баста. Уысмæй-уысммæ йæ хъуыдытæ кæрæдзи ивтой: «бацæуон æм, ма бацæуон... сисон æй мæ къухмæ, аба йын кæнон, æви куыд...». Æмæ та-иу нæ бауæндыд. Фæстаг бонты та бынтон ныкъкъуылымпы - афтæ йæм касти, цыма дзы Мадинæ йæхи хызта, йæхи дзы дардмæ ласта. Ацы^хъуыды йæм фæзынд - иу бон, сæ рæзты фæцæй- цæугæиæ, иæ цæстытæ сæ кæртæй куынæуал иста, уæд Мади-
нæ йæхи афтæ куы равдыста, цыма сæ нæ уыны Бабианы æмæ Дудуйы, йæ чъылдым сæм сыздæхта, афтæмæй Батикы йæ къухмæ фелвæста, Бадзийыл дæр рахæцыд æмæ хæдзарырдæм фесты. Чи зоны, сабитæн сихор хъуамæ бахæрын кодтаид, чи зоны, æндæр исты æфсон ын уыд, фæлæ йæм йæ фердæхт афтæ фæкаст, цыма цæмæйдæр фæтарст æмæ мидæмæ баскъæфта сы- вæллоны. Ацы цау йæ зæрдæйæ нал æфтыд Дудуйæн æмæ хæ- дзары дæр иууыл ууыл хъуыды кодта: «Цыдæр хаты, кæнæ йæ зоны... æмæ тæрсы. Куыд кæнон, кæдмæ бауыдзæн мæ бон афтæ куырмæмбæхстытæй хъазын? Мыййаг, куынæуал бафæразон, куы срæдион исты, куы мын рахъæр уа, уæд куыд рауайдзæн хъуыд- даг? Куыд сæмбæлдзысты мæ бинонтæ ахæм æнæнхъæлæджы хабарыл? Нæ мæ бафæрсдзысты, цæмæн бакодтон ахæм худина- джы ми? Иу рæдыд дзы фаг нæ уыд - сусæгæй, æнæбафæрсгæйæ кæй ахъуызыдтæн кæйдæр фæстæ æмæ ма мæ сывæллоны дæр афтæ цæй тыххæй рауæлдай кодтон? Куы йæ схъæр кæнон, уæд цы? Ома мын æй фæстæмæ ратдзæн Мадинæ? Бинонтæ мын, чи зоны, ацы рæдыд дæр ныббарой, мæнæн, мæ сæр амæла, алцы барст у, фæлæ Мадинæ? Нæй, уый, æз æм куыд кæсын, афтæмæй йæ удæгасæй мæнæн мæ сывæллоны фæстæмæ нал ратдзæн. Афтæ мæм дзуры мæ зæрдæ. Гъо, афтæ йæм куы дзуры: «мæ зæрдæ, мæ зæрдæ...». Уый æз разындтæн æнæзæрдæ... нæй, нæ рауайдзæн хорз, нæ йæ ратдзæн æмæ мын афтæ дæр хъæуы! Ай цытæ бакодтон, сывæллон цы гæнæг уыд, ме ’дылы сæр амæ- ла, гуыбынмæ дæр ыл суæлæхох дæн, стæй та йæ уынгæ дæр нæ фæкодтон, афтæ йæ аппæрстон... Ныр æй байсон, чи йыл тайы æмæ ’руайы, йæ уæззау бонты ма йæ уд ууыл лæууы, æвæццæгæн...». - Йæхицæн ницыуал æмбæрста, куыд бакодтаид. Ома Мадинæйæн тæригъæд кодта? Уый дæр дзы, чизоны, кæм- дæр уыд... Фæлæ сæйраг уæддæр уый уыд, æмæ йæ нæ фæндыд, аххосджын æрмæст йæхæдæг уыдаид. Агуырдта йæхимид хи- срасткæныны амал, агуырдта ахæм рахæцæн - искæйы æфсон фæуыдаид йе ’нæрхъуыдыдзинад, йæ цыбыр зондæй йыл цы рæдыд æрцыд, уый искæйы аххос фæкодтаид. Æмæ йæ дардыл хъуыдыкæнын нæ бахъуыд... «Уый уыцы фидиссаг у иууылдæр мæ æнамонддзинады сæйраг аххосджын. Нырма мæ йæ сомы- тæй сæрра кодта, стæй та мæ цы хуызæн уавæрты фæуагъта кæйдæр къуымы. Фæлæ сывæллон цы гæнæг уыд? Гъа, уый
нæ ахъуыды кодта, мæ гуыбыны чи тæлфыд, ууыл æмæ æз та? фараст мæйы мæ зæрдæимæ улæфыд, царди. Стæй райгуырд фыдхъизæмæрттæй... Æз рыстытæй фервæзтæн... Æмæ йын йæ- хицæй дæр фервæзтæн...». Æмæ фæсмон кодта Дуду, цæмæн рацыд горæтæй. «Куы йæ зыдтон, сывæллон нæхи хъæуы хъомыл кæнынц, уæд куыд ба- хастон мæ ныфс, куыд æмæ кæдмæ бамбæхстаин ахæм хъуыд- даг? Фæрæдыдтæн та, Тамаритимæ хъуамæ ацыдаин, цы мыл æрцыдаид, ууыл хъуамæ хъæцыдаин. Чи зоны сывæллоны куы нæ федтаин, уæд мын афтæ зын нæ уыдаид. Ныр та нал иуæр- дæм зонын, цы фæуон - нал иннæрдæм. Искуыдæм фæцæуон æмæ цæй æфсон атонон хæдзарæй мæхи? Кæнæ цæугæ дæр кæ- дæм фæкæнон?» - стæй йæ зæрдыл æрбалæууыд, иу изæр Ге- рас куы дзырдта йе ’мгæрттæй. Гæззаты Жорик æмæ, дам, Ило Дзæуджыхъæумæ ацыдысты сæ ахуыр адарддæр кæнынмæ. Кæд, дам, бахауæм, уæд хорз, кæд нæ - уæд исты куысты ныл- лæудзыстæм, ам дæр уæгъды бадæм, стæй цы уыдзæн, уымæн дæр ничи ницы зоны ацы змæстыты. Герасыл, ацы хабар дзур- гæйæ, афтæ зынд, цыма лæппуты хъуыды йæ зæрдæмæ цыд æмæ уый дæр фæндыд, йæхи куы айсит хъæуæй. «Цæй, бацардауон æй, кæд сразы уаид æмæ йæ фæрцы æз дæр ардыгæй исчердæм мæхи атонин», - йæхинымæр ахъуыды кодта æмæ иу бон, хо æмæ æфсымæр иунæгæй куы аззадысты, уæд ын ской кодта: - Герас, цæй, æз æмæ ды дæр ацæуæм ахуырмæ. Бафæлва- рæм, чи зоны нæ амонд скуса. Кæд нын дзы ницы рауайа, уæд фæстæмæ раздæхынæн цас хъæуы? - Æмæ гъа... Цы зæгъдзысты хæдзары, афтæ сæ æвæгæсæгæй куыд ныууадзон, - бакатай кодта лæппу. - Аничкæ кæд сразы уа, уæд баба дæр ницы зæгъдзæн, мæн- мæ гæсгæ, - ныфсджынæй загъта Дуду æмæ йæхæдæг дæр кæд дызæрдыг кодта, уæддæр йæ хъуыды аивын йæ зæрды нæ уыд. «Куыдфæндыйæдæр дзы æндæр гæнæн нæй, ардыгæй ацæуын хъæуы, æнæмæнгæй ацæуын хъæуы, цалынмæ та бинонты дæр æмæ мæхи дæр ног фыдбылызы нæ ныссагътон», - аскъуыд- дзаг кодта æмæ тæккæ уыцы изæр Аничкæйæн дæр загъта, куыд тынг фæнды Герасы, йе ’мбæлттау, уый дæр ахуырмæ куы ацæ- уид- Æмæ, дам, æз дæр йемæ ацæуин, иумæ ахуыр кæниккам... Аничкæ ма цин дæр бакодта:
- Сымах ахуыры кой бакæнут, уый йеддæмæ ам æз фаг дæн. Æз кæй баззадтæн фæнычы фарсмæ, ууыл дæр фæсмон кæнын æмæ ма сымахæн дæр уæ фæндæгтæ сæхгæнæм? Ацæут, зæрæд- тæм æнæ сымахæй дæр фæкæсдзынæн. Цас кæсинаг сты, джидж- джи ныр фæхуыздæр, баба дæр нырма кусынхъом у истытæ кæндзыстæм. Хистæртæ дæр дыууæ нал загътой кæстæрты фæндыл. Æцæг, Бабианæн нæ фæцыд йæ зæрдæмæ, Дуду дæр кæй сфæнд кодта ахуырмæ ацæуын: «Мæ сывæллон ма Хуыцауы фæрцы мæ къухты бафтыд, ныр та фæстæмæ хæдзарæй куы фæиппæрд уа, уæд хæйрæг йæ зонæг, æрцагурдзæн ма йæ ахстон?» - хъуы- ды кодта мад, цыма йæ зæрдæ развæлгъау цыдæр æнкъардта: «Куы ацæуа æмæ та исты фыдбылызы куы ныссæдза, ахæм бадт- зонды хицау мын куы нæу Аничкæйау...». Фæлæ Герас дæр йемæ кæй уыдзæн, уый ныфсæй йæ разы нал балæууыд. «Кæд сæ ахуы- ры хъуыддаг нæ фæраст уа, уæд лæппу горæты нæ ныллæудзæн æмæ йæ хойы æнæзонгæ адæмы ’хсæн куыд ныууадздзæни», - афтæ хъуыды кодта Бабиан йæ мидзæрды, фæлæ цард афтæ куы цæуид, лæджы куыд фæнды, уæд зæххыл маст æмæ удхарæн бы- нат нал уаид. Ацыдысты хо æмæ æфсымæр Дзæуджыхъæумæ - хо йæ уды рæбын йæ цин æмбæхсгæйæ, æфсымæр та - дызæрдыггæнгæ. Герасы йæхицæй ницы уыйас ныфс уыд, ахуырмæ бахаудаид, уымæй, фæлæ йе ’мцахъхъæнтæ æмæ йæхицæй хистæртæ дæр а фæстаг рæстæджыты иугай-дыгай цыдысты хъæуæй, чи цæй æфсон, чи - цæй, æмæ сæ фæстæмæ здæхæг ничиуал зынди. Цæ- уыл фæхæст сты, цы хуыздæр цард ссардтой, уымæн ничи ницы зыдта, фæлæ сæ фæзмæг бирæтæ уыд. Æмæ, дам, æз дæр акæсон, фенон, уымыты та цы цæуы, куыд цæрынц адæм сæ артдзæстæй дард, зæгъгæ, ахъуыды кодта Герас дæр æмæ ацыдысты бинон- ты уарзон кæстæртæ иу къæвда бон. Мады зæрдæйыл цыма уа- рыд, афтæ æнкъардта йæхи æмæ архайдта, уымæл цæстæй ма афæндараст кодтаид йæ хъæбулты: - Хуыцау раст фæндагыл сæ фæкæн, дзæбæхæй мæм цы æрыздæхой фæстæмæ, - скуывта Бабиан сæ фæстæ. Фæндараст фесты - куыддæр ныххæццæ сты, афтæ хæдзар рацагуырдтой æмæ, æнхъæл куыд нæ уыдысты, ахæм дзæбæх ранмæ бахаудтой.
Иу хорз сылгоймагмæ фатер баххуырстой. Фысым дохтыр разынд, иунæгæй царди, йæ лæппу Уæрæсейы ахуыр кодта, бы- нат æм уыд æмæ, цингæнгæ, бауагъта хо æмæ æфсымæры. Тагъд ацахуыр сты кæрæдзийыл, изæры-иу цай дæр иумæ бацымдтой, биноныгæй базонгæ сты кæрæдзийы цæрдтытимæ. Зондджын, ахуыргонд сылгоймаг сæ мадау айста æмæ Дуду афтæ схæлар йемæ, цыма йæ чысылæй фæстæмæ зыдта. Герас æмæ Дуду алыбон цыдысты университетмæ консуль- тацитæм, хæдзары дæр цæттæ кодтой сæхи фæлварæнтæм, фæлæ сæ фæндон нæ сæххæст - нæ ахызтысты конкурсы. Сæ бон куы базыдтой, уæд ма дзы æнæраздæхгæ цы гæнæн уыд, фæлæ Дуду йæ къæхтæ ныццавта: - Æз хъæумæ нал аздæхдзынæн, исты куыст ссардзынæн, цæмæй мæхи мæхæдæг дарон. Уыйæмрæстæджы фæлварæнтæм дæр цæттæ кæндзынæн æмæ фидæнмæ ногæй бафæлвардзы- нæн, - загъта Герасæн. Лæппу нырма смæсты, стæй йын фæтæригъæд кодта, æцæг цы хъуамæ кæна хъæуы? Цы араздзæн? Фысымæн йæ хъуыды загъта - Дуду сымахмæ баззайдзæн, кæд исты куыст ссара, уæд, зæгъгæ. Ус ма цин дæр бакодта. - 0, æмæ тынг хорз. Куыст дæр ын ссардзынæн. Мæнæ мед- техникумы уроктæ дæр дæттын, директорæн зæгъдзынæн æмæ йын исты рацагурдзæн. Стæй кæд йæ зæрдæмæ фæцæуа æмæ медтехникуммæ бацæуын сфæнд кæна, уæд мæ быгъдуан - алы аз къамисы сæрдар мæхæдæг вæййын, - баныфсæвæрдта Герасæн æмæ дыккаг райсом иунæгæй рацыд хæдзармæ. Мад æмæ фыдæн Герасы иунæгæй æрцыд арвы цæфау уыд. Уæлдæр ахуырмæ кæй нæ бахаудысты, ууыл стыр нæ бамæт кодтой, сæ масты сæр, Дуду хæдзармæ кæй нал æрыздæхти, уый уыди. Сæрæй дæр чызгæн йæ хъуыддаг афтæ зыгъуыммæ кæй ацыд; уЫй дæр сын удрэебыны рыст уыд, фæлæ фæстагмæ хæ- дзармæ дзæбæхæй кæй æрцыд, сæ цуры кæй уыд, уый дæр амондыл нымадтой æмæ Хуыцауæй бузныг уыдысты. Ныр та... Фæстæмæ атахти æгæнон кæстæр, йæхион та аскъæрдта æмæ иæ хæйрæг зоны, куыд кæндзæн, куыд та ацæудзæн дарддæр иæ хъысмæт. Маст кодта Бабиан, дзургæ ницы никæмæн кодта, фæлæ иугаендзон катайгъуыз уыд йæ цæсгом. Сусæгæй йæхи
æфхæрдта: «Цæмæн æй уагътон, цæмæн? Куы йæ хатыд мæ зæрдæ - ай та къухæй куы аирвæза, уæд ыл йæ зонд уæз кæны æви цы, йæхицæн та исты фыдбылыз ракъахдзæн». Аничкæйæн дæр бæргæ хъыг уыд йæ хо æмæ æфсымæрæн сæ ахуыры хъуыддаг кæй фæмæнг и, фæлæ Дуду горæты кæй баз- зади, ууыл æппындæр нæ маст кодта, нæдæр æй азымджыныл нымадта: «Ауадз æмæ йæ цард, йæхи куыд фæнды, афтæ ацæ- уæд. Ам, хъæуы бадынæй æз цы рамбылдтон æмæ дзы цы хорз федтон, уый дæр дзы æндæр цы фендзæн?». Æмæ йæ мадæн дæр ныфсытæ лæвæрдта, цæуыл дæхи хæрыс, ныр алцы бавзæрс- та, алцы зоны æмæ нал æруадздзæн рæдыд. Кусдзæн, стæй та фидæнмæ йæ ахуыры кой бакæндзæн. Герас куыд æппæлы, кæд ахæм фысыммæ бахаудтой, уæд алцыдæр нывыл/уыдзæн. Абæрæг-иу æй кæндзыстæм, нæ бон куыд уа, афтæ йын æххуыс кæндзыстæм. Йæ амонд куыд уа, джиджджи, афтæ уыдзæн йæ цард, уæлдай маст цы пайда у? Дуду та, йæ бинонтæ кæй маст кæндзысты, уый куыднæ зыд- та, фæлæ хъæуæй кæй рацыд, уымæй йæхи афтæ амондджы- ныл нымадта, цыма цыдæриддæр хъизæмæрттæ, уды рыстытæ бавзæрста, уыдон дард, ивгъуыды тары аныгъуылдысты, цыма ногæй райгуырд æмæ бынтон æндæр дунемæ бахауд. Фæлæ уый фыццаг бонты хатыд йæхи афтæ, цыма йын йæ уæнгты цы хъадамантæй сбаста уавæр, уыдон аппæрста æмæ суæгъд и, ссæрибар и. Нырæй фæстæмæ æнæзонгæ адæмимæ уыдзынæн æмæ чи цы зондзæн йæ цардæн, чи йын цы хъомыл у æмæ йын исты йæ цæстмæ бадара. Йæ лæппу та уадз æмæ хъомыл кæнæд уарзæгой адæймаджы къухы. Афтæ хуыздæр уыдзæн йæхицæн дæр, сывæллонæн дæр æмæ йæ ног мадæн дæр. Æппындæр æй ничиуал базондзæн, кæй лæппу у... Ленæ нал и... Æмæ фыццаг бонты ацы хъуыдытæй йæхи хаста сæрибарæй, амондджынæй хатыд Дуду йæхи... Фæлæ уыцы æнæрафæлгъаугæ æнкъарæн, цы йæ схуыдта- ид, уымæн дæр куыницы æмбæрста, уыцы сусæг, нымæг хъуы- ды йæхион кодта. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу фæкъуырма ис, фæ- лæ та-иу зæрдæйы судзины бырынкъау фелхыскъ кодта. Æмæ, цы уыд, цы зылди йæ алыварс сусу-бусугæнгæ: «Кæдæмфæнды фæлидз, кæмфæнды бамбæхс, æз демæ дæн, демæ дæн». Уый- иу æй хатт стæрсын кодта, фæлæ та-иу йæ сæрибардзинадыл
ахъуыды кодта æмæ æвзонгдзинад уæддæр ныфсхаст дæр у, йæ зонд куыд карста, афтæ архайдта. Тагъд куыстмæ дæр бацыд йæ фысымы фæрцы æмæ хуыздæр æнхъæл æрвыста бонтæ. * * * Мадинæ æрæгмæ базыдта Дудуйы ацыды хабар. Æнæуый æцæг цымыдис кодта, йæ цæст ыл кæй никуыуал схæцыд, фæлæ хъæуæй искуыдæм фæцыдаид, уый йæ хъуыдымæ никуы æрцыд. Иу бон Къатинæн хæринаг фæцæйхаста, афтæ йыл дæлæ сы- хаг ус сæ рахизæны хæрхæмбæлд фæци. Салам загътой кæрæ- дзийæн æмæ уыцы рæстæджы Бабиан дæр йæ урс дарæсы иу- нæгæй рацæйцыд. Уый дæр сын «уæ бонтæ хорз» загъта, фæлæ дзурынмæ нæ фæлæууыд, сæ фæрсты ахызт æмæ аргъуанырдæм араст. - Адонæн та сæ чызг фæстæмæ адымдта, - ныллæг хъæлæ- сæй загъта ус Мадинæйæн. - Цы, Дудуйæ зæгъыс? - йæ цин бамбæхсын йæ бон нал баци Мадинæйæн. - Гъо, гъо, Герасимæ иумæ ацыдысты, институтмæ, дам, фæлварæнтæ раттæм. Фæлæ нæ бахаудысты æмæ Герас бæргæ æрыздæхт фæстæмæ иунæгæй, Дуду та уым баззад и горæты. Исты куыст ссардзынæн æмæ мæхи дардзынæн, фидæнмæ та, дам, мæ ахуыр адарддæр кæныныл бацархайдзынæн. Уæдæй фæстæмæ, мæгуыр, Бабиан дзыхæй дæр нæ дзуры. Афтæ маст кæны, цыма йæ чызг фæцу æмæ ма æрцуйы фæндагыл ацыд. - Цы дзы ис уым масткæнинагæй? - цыдæр æгæр райгæ хъæлæсы уагæй та рауад йæ фарст Мадинæйæн, - æвзонг чызг У> уадз æмæ сахуыр кæна, исты дæсныйад райсдзæн æмæ йæ фидæны цард сараздзæн. - Мæнмæ дæр диссаг уый кæсы, бинонтæ цæуыл маст кæ- нынц; æндæра, дæхи загъдау, ахуыр цæмæй æвзæр у? - загъта ус æмæ ууыл ахицæн сты - Мадинæ Къатинтæм бахызти, ус та сæ- хирдаем ацыд. Цыдæр уæнгрогæй бацыд Мадинæ Къатинмæ. Цыма йыл Цыдæр хорз æрцыд, йæ зæрдæ афтæ ради. Афтæмæй та дзы ни- ЦЬ1 уыд - Дуду горæтмæ ацыд, цас цины хъуыддаг у идæдз, зæр-
дæрыст сылгоймагæн? Фæлæ афтæ уыд... Æмæ йæ нæ фæндыд ацы æнкъарæны рафæлгъауын. Къатинæн дæр йæ зæрдæйы уаг фæхуыздæр кодтаид, уый йæ фæндыд æмæ йын Батикы хабæрттæ дзырдта - куыд скъæ- бæда ис, йæхи Бадзийæ лæгдæрыл куыд нымайы, иууыл йæхи ныхас кæны æмæ хатт куыд схыл вæййынц. Худæгæн ын сæ дзырдта, фæлæ Къатинмæ æппындæр никæцæй хъуыстысты йæ ныхæстæ, тыхамæлттæй æууылдта йæ къæбæр æмæ йæ хъуыды- ты йæ сæфт бинонтимæ уыд. Ныр цалдæр боны уæлæмæ сыстын дæр нал уыд йæ бон æмæ-иу Мадинæйæн балæгъстæ кодта, мæ иу фарсыл мæ æрзилын кæн, зæгъгæ. Ныр дæр ын афтæ: - Мæ сæры бын ма мын иу баз куы бакæнис, дæ низтæ. - Ныртæккæ, ныртæккæ, - фестад Мадинæ, йæ уат ын арæс- тытæ кодта, йæ сæры бын ма йын дыккаг баз дæр бакодта æмæ фæхатыд, куыд рæуæг уыд йæ буар, иу сывæллоны уæз дæр дзы нал уыд. - Мæди, ницы ма ’рыхъуыст мæ лæппуйæ, ницы базыдтай? - лæгъстæгæнæджы цæстытæй цæссыг æрхауд æмæ Мадинæйæн йæ зæрдæ фæкуыддæр. - Ма ку, Къатин, ма ку. Удæгасыл кæуын нæ хъæуы. Тагъд фæ- зындзæн. Ма тæрс. Æвæццæгæн ын фадат нæ фæци нырма, - йæ цæсгом ын алæгъзытæ кодта æмæ йын, Батикæн-иу куыд аба кодта, афтæ аба кодта. Зыдта Мадинæ лæппуйы хабар, хъæуы дæр æй иуæй-иутæ ’рыхъуыстой, фæлæ никæй зæрдæ тардта йæ зæгъын... ... Ныр дыууæ азы цытæ цыд Гуырдзыстоны, Ир æмæ Абха- зы, уыдон хъаугъа хуыдтой. Уыцы хъаугъа та мингай цард аха- ста. - Туджы зæйты бын фесты ницыгæнæг адæм Гамсахурдиа- йы шовинистон архайды фæстиуæгæн. Хæст уыд уый - се ’гасæй æгъатыр, цъаммардæр хæст, æфсымæрон адæмы æнæауæрдгæ кæм цагътой æмæ сæ чысылæй, стырæй кæм куынæг кодтой... Куыд загътаид, Мадинæ, мæлæты фæндагыл чи лæууыд йæ би- нонты мастæй, уыцы мадæн, дæ иунæг бындар дæр нал и... Нæ хъуыд. Уадз уыцы иу рухсы цъыртт уæддæр пæртт-пæртт кодта- ид йæ уды уымы бæстæм цæугæйæ.
* * -А- «Туг тугæй ничи æхсы» - амоны ирон æмбисонд. Æмбисæнд- тæ царды æрцæугæ реалон цауты фæстиуæгæй гуырынц. Сæ мидис цас арфдæр вæййы, уыйас хуыздæр зондамонæн цæвитто- нæн баззайынц фæлтæрæн. Сæрбахъуыды рæстæджы та бирæ хатт тыхæй архайды бæсты зондæй сархайын хуыздæр фæстиуæг æрхæссы. Æмæ, æмбисонд зæрдылдаргæйæ, хъæуы хъуыддаг- мæ æрæвналын. Фæлæ... Алы куырыхон хъуыдыйæн дæр йæхи «фæлæ» ис. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ адæймагæн зондæй дарддæр ма зæрдæ дæр ис. Зæрдæ та зондыл арæх тых кæны, йæ коммæ нæ фæкæсы. Бæргæ раст хъуыды у - туг тугæй ’рыхсгæ кæй нæу фæлæ туг кæцæй рахъары, уыцы цæф хатт афтæ арф, уæззау вæййы, æмæ æгæр æрæгмæ гас кæны. Стæй куы байгас вæййы, уæддæр йæ бынат нуæсæй баззайы. Æмæ уыцы нуæсыл къух кæнæ цæст цал хатты фæхæст вæййы, уал хатты та зæрдыл æрлæууы, цæй фæстиуæг у ацы нуæс æмæ фæстæмæ сдуды, сриссыгонд. Маст та сног вæййы æмæ зæрдæ стыхсы. Тынг хорз уаид адæймагæн алыхатт йæ бон куы суаид, цæ- мæй йæ мидæнкъарæнтыл фæтых уа, басæтта сæ, фыдæхдзинад ныммара йæ уды. Зæгъын æнцон у, хиуыл фæтых та... Хиуыл фæтых бирæ зындæр у знагыл фæтыхæй. Знагæй исчердæм - кардæй уа, нæмыгæй - дæ маст райсдзынæ. Дæхицæн цы кæ- нынмæ хъавыс, кæд зонд æмæ зæрдæ кæрæдзиимæ нæ фида- уынц, æмуд не сты?! Бонæн йæ фæстагмæ, адæймаг æнкъарæн- тæй цæры, уды æнкъарæнтæй, уæлдайдæр та сылгоймаг... Æмæ Мадинæ Сосланимæ йæ амонд куы баиу кодта, уæдæй фæстæмæ куыд ничи йæ фæхатыдаид, афтæ йæ æнкъарæнтимæ быцæу- гæнгæ æрвыста йæ цард. Сосланы удæгасæй йын уæддæр æн- цондæр уыди хиимæ тох. Афтæ æгæрон уарзтæй уарзта йæ уды- хаиы æмæ æрмæст йæ фарсмæ кæй уыд, кæй йæ уарзта æмæ йын иæ рæвдаугæ хъæлæс кæй хъуыста, уый дæр ын фаг кодта. Сос- лан йæхи азымджыныл нымайгæйæ, Мадинæйы зæдымсæр æвæрдта æмæ йын нымд лæггад кодта. Йæ файнуст Ануси дæр æм уымæн хæлæг кодта æмæ йын-иу куыддæр фадат фæци, афтæ та-иу æй фелхыскъ кодта.
Ныр нал уыд Мадинæйæн йæ фарсмæ йæ удыхай, фæлæ Хуы- цау йе стыр цæфы фæстæ адæймагæн цыдæр ныфсы таг ныу- уадзы, цæмæй йæ æнамонддзинады уæззау бонты йæ цардыл йæ къух ма ауигъа. Мæлæтæй цыфæнды зын цардæй цæрын хуыз- дæр кæй у ууыл чи дзуры, фæлæ рыст удæн цæуыл æнцой кæ- на, цæй тыххæй адарддæр кæна цардимæ тох, уый йын куынæ уа, уæд æнæнысанæй, æнæмидисæй цæрын ницы пайда у. Адæй- магæн змæлын, хъуыды кæнын, истæуыл кæнæ искæуыл аудын дæтты уды æнцойад. Цы у уд? - бафарстой иу куырыхоны. - Уд циу, уымæн ницы зонын, фæлæ æнæудæй бæлас суг фесты, кæрдæг - хъæмп, адæймаг та - мæрдбуар, - уыдис йæ дзуапп. Ма- динæйæн уыдис аудинаг, уыдис ын кæуыл бахардз кодтаид йæ тыхтæ, кæй фæрцы фæуæлахиз уыдаид йе стыр мастыл - Батик, æрхъæцмæ кæуыл нæ лæууыд, уыцы цыкурайы фæрдыджы хуызæн рæсугъд æмæ зондджын лæппу. Уыдис ын, æфсымæры бынаты кæй æвæрдта, ахæм тиу Тембол æмæ адæймаг ныфсæй цæры, ныфс тыхдæттæг у Сосланæн йæ афæдз раджы ацыд. Мадинæйæн кæд йæ рыст фæкъуырма ис, уæддæр йæ зæрдæйæ нæ хицæн кодта йæ цард- æмбалы фæлгонц. Афæдзмæ æрмæст марды бонты нæ, фæлæ алы сабатбон дæр цыд уæлмæрдмæ, ингæнмæ зылд, цырæгътæ сыгъта, дидинджытæ донцух никуы уагъта. Фыццаг аз Тембол, Ануси, сæ лæппутæ дæр йемæ цыдысты. Фæлæ Мадинæмæ афтæ каст афæдзы фæстæ дæр æнæмæнг хъуыд уæлмæрдмæ цæуын: «Уæдæ куыд? Цасфæнды рæстæг рацæуæнт, мардæн кæд хицау ис, уæд йæ ингæн æнæзылдæй ма хъуамæ баззайа. Марды раз дæр æнæзæрдæхудт хъуамæ уа мæрдджын...». Æмæ цайдагъмæ гæсгæ алы сабат цыд æддонгарз, æдцырæгътæ. Хъæубæстæй чи растыл нымадта ацы хабар, чи та фæсвæд йæ былтæкъуыргæ дзырдта: «Æндæр хъуыддаг ын нæй, ныр æй мæрдты дæр мауал ныууадзæд йæхи бар». Фæлæ, уыдæттæм æнæкæсгæйæ, Сосланы ингæн афтæ дидинвæлыст æмæ рæсугъд цæхæрадоны хуызæ- нæй куы уыдтой уæлмæрдмæцæуджытæ сæ ног мæрдтæн æгъдау дæттынмæ, уæд сын Сосланы ингæнмæ æнæбацæугæ нæ уыд. Йæ сыджытыл ын-иу йæ къух авæрдта алчидæр æмæ: «Дзæнæты бад, дзæнæты», загътой. Стыр, рæсугъд дзæнхъа дурæй арæзт цыртæй сæм Сосланы ныв цыдæр æрхæндæг цæстæнгасæй каст, цыма сын дзуапп лæвæрдта: «Дзæнæты бæргæ бадын, фæлæ...».
Уæлмæрдмæ цæуыныл Бадзи æмæ Батик дæр афтæ сахуыр сты æмæ-иу бонтæ нымадтой. Иухатт та Бадзи Мадинæйы фæрсы: - Мади, уæлмæрдмæ æнæсабатбон цæуын нæй гæнæн? Мадинæ уадид фæхатыд, цæмæн æй фæрсы Бадзи æмæ йын эехсызгон уыд лæппу йæ хæсыл кæй нымадта йæ фыдыфсымæ- ры ингæн зылдцух ма ныууадза. Йæ сæрыл ын йæ арм рæвдаугæ æрхаста æмæ йын райгæ хъæлæсæй загъта: - Куыннæ, куыннæ, дæ нывонд фæуон. Алыбон дæр ис гæнæн, фæлæ чи зоны, афтæ дæр нæу раст. Алцæмæн йæхи æгъдау ис, марды дæр, æвæццæгæн, арæх нæ хъæуы хъыгдарын. Æнæуый дæр ныл, мæзæрде, чидæртæ худынц... Худæн бонтæ радтæд Хуыцау алкæмæн. Мах та сом нæ, фæлæ - иннæбон сабаты, мæ лæппу, ацæудзыстæм. Ныр уал æз мæнæ ме ’хсинæгтæ хурмæ æр- цауындзон æмæ стæй басихор кæнæм. Мадинæ ахызт кæртмæ, бæндæныл ауыгъта лæппутæн сæ хæдæттæ, хæлæфтæ æмæ йæм афтæ фæкаст, Батикы хæлаф Ба- дзийы хæлафæй бирæ цыбырдæ^ нал уыд - диссаг, цыма сыл фыццаг хатт фæхæст йæ цæст... Йæ зæрдæ уыцы цины дзинг- дзинг систа. «Цард дын феста дæ гыцци, мæ зæрдæдарæн, дæуæн! Куыд лидзынц бонтæ, азтæ! Тагъд мын стыр лæппу суыдзынæ, лæджы бындзæфхад», - узæлыд Батикы дзаумæттыл, къухæй сæ дæлæмæ ивæзта, рæстытæ сæ кодта. Йæ уд афтæ ради, цыма йыл абонæй амондджындæр райсом никуы ’рцыд. Стæй æвип- пайды йæхимидæг стыхсти, йæ зæрдæ йæхиуыл фæхудти. Æз ра- йын, цин кæнын, ды та... Ды ницыуал уыныс, ницыуал хатыс. Мæнæ нæ Хуыцауæй лæвар хъæбул кæуылты сырæзти, куыд цингæнгæ фæцæйцæуы скъоламæ Бадзиимæ. Ды та, йæ къахыл куы ацыд, æрмæст уый ’рæййæфтай. Дæ цинæн кæрон куыднал уыд. Ныр та бакæс, æдкъæпи алы сабатбон уыцы лæггъуызæй куы фæцæйцæуы уæлмæрдмæ мемæ дæ ингæнмæ базила... Уас мьш дæу дæлсыджыт чи фæкодта, уыдоныл цъæх арт сирвæза мæ тæригъæдæй...». - Æмæ та йын абоны уавæрыл катай йæ рæсугъд æнкъарæнтыл уазал дон раскъæрдта. Нæ йæ фæндыд бауырныдтаид æй, цы адæмы ’хсæн райгуыр- ди, кæимæ схъомыл и, уыдон ирон адæммæ афтæ æвзæрæрдæм фæивтой сæ ахаст, афтæ знаджы цæстæй сæм ракастысты. Цал æмæ цал бинонты зыдта æмхæццæ чи уыдысты, ахæмты. Кæ- мæн иæ мад уыд ирон, кæмæн йæ фыд, ахæм хæдзар нæ уыд,
ирон хицон кæмæн нæ уыд, кæнæ иронæн гуырдзиаг бавæййаг ма уыдадид. Æмæ йæ зæрдæ рыст гуырдзыйы æнауæрдон ми- тæй. Чи зоны, йæхи цæстæй куынæ федтаид, уæд æм афтæ арф нæ бахъардтаид сæ æгъатырдзинад, афтæ æнæуыноны цæстæй сæм нæ акастаид. Алцы уыдта, зыдта, фæлæ йæхæдæг, æрдзæй æнæхин æмæ фæлмæнзæрдæ сылгоймагæн, кæмдæр йæ удрæ- быны кæцыдæр къуымы цыма баззади зына-нæзына чысыл ныфсы цъыртт. «Се ’ппæт афтæ иугъуызон тугмондаг куыд разындзысты? Хорз æмæ æвзæртæ алы адæммæ дæр ис. Цы гæнæн и, æрцæуы æнамонды хабар, фæлæ рæдыдæн рарастгæнæн нал вæййы? Кæдмæ афтæ кард æмæ фыдау уыдзыстæм? - быцæу кодтой зæрдæ æмæ зонд кæрæдзиимæ. Фæлæ кæд Мадинæ йæхæдæг ба- рон æмæ нæртон уды хицау уыди, уæддæр ахæм æбуалгъ миты фæстæ йæ фарны хъуыдытæн бындур нал ардта, донласт хъæм- пыхалыл фæхæцæгау уыдысты йæ катæйттæ. Йæ цæстыты раз- иу слæууыдысты цы цъаммар, æгъатыр, сырдон митæ фæкод- той ницыгæнæг адæмæн, куыд сæ цагътой, куыд басыгътой æнæхъæн хъæуты, куыд фæсырдтой ирон адæмы сæ æнусон цæ- рæн уæзгуытæй... Æмæ йæхи сæрмагонд цард дæр кæй аххосæй ныппырх и, куыд æнæнхъæлæджы йыл æркалд йæ цар, хохы хуызæн сæрыхицауæй æнæхицауæй куыд аззад. Æмæ-иу ыл уæд бæстæ баталынг и, цыма-иу кæмдæр æнæбын тары аныгъуылди. Стæй-иу йæхи куы æрæмбæрста, йе ’муд-иу куы æрцыд, уæд-иу йæ зæрдæ фæхъæбæр, фæхъæбæр нæ, фæлæ- иу æнæуынондзинады артæй ссыгъди. «Цасфæнды ма тох кæнон мæ зæрдæимæ, уæддæр мын æй афтæ скъахтой æмæ се скойæ дæр сриссын. Хуыцау иунæг Хуыцау ме ’вдисæн - хæрамдзинад никуы ни- кæмæ хастон, никуыдæр мæ æвзæр искæмæн фæндыд, фæлæ адæттæ, ацы уæззау цаутæ куыд æмæ цы хуызы ахаудзысты мæ хъуыдыйæ? Чердæм сæ ферох кæнон, кæд æмæ уыдон абоны онг дæр сæ кæнон нæ уадзынц. Чысыл рæстæг фæсабыр вæййынц, стæй та фæстæмæ змæнтын райдайынц. «Зæхх, нæ зæхх!» - нал æнцайынц. Цавæр зæхх у - адæймаджы дæргъырдæм дыууæ ме- тры хъæуы, уæрхæрдæм - иу цыфæнды стыртæ уа, уæддæр. Кæд нын нырмæ фаг кодта алкæмæн - мардæй дæр æмæ удæгасæй дæр; уæд ныр цы æрцыд ахæмæй, бампылд ацы зæхх æви куыд?», -
хъуыдыты та адзæгъæл Мадинæ. Астæуккаг скъола фæци каст æмæ цыдæртæ куыднæ æмбæрста, фæлæ Советон скъолайы исто- рийы ахуыргæнæн чингуытæм гæсгæ ир æмæ гуырдзыйы ’хсæн ивгъуыд рæстæджыты цы тугкæлдтытæ æрцыд æмæ ирон адæм цытæ баййæфтой, уыцы цаутæ меньшевикон хицауады аххосæй æрцыдысты. Уымæ гæсгæ уыцы тæригъæдтæ дæр меньшевик- ты бæрзæйыл нымад цыдысты. Советон дуджы та алы нацийы адæмтæ иууылдæр æмбар уы- дысты, хæларæй цардысты æмæ сæ ахастытæ дæр нывыл цыды- сты. Фехæлд Советон хицауад æмæ зыгъуыммæ разылд царды цалх. Советон дуджы хъомыл мингай адæймæгтæ, Мадинæйау, фесты фыдæнхъæл. Бадзи амæйразмæ Темболтæй къæбыла æрбахаста. Фæхъазы- дысты дзы æмæ йын изæры асины бын бызгъуыртæй лыстæн сарæзтой, цæмæй уым хуыссыдаид æхсæвы. Фæлæ къæбыла иунæгæй нæ лæууыд æмæ-иу уæлæмæ схызт æмæ дуары цур къæсæргæрон батымбылтæ. Ныр ын лæппутæ «хæдзар» аразын æрымысыдысты. Рацагуырдтой фæйнæджы лыггæгтæ, рахастой хырх, дзæбуг, зæгæлтæ æмæ кæс уыдонмæ - хъуыддаджы лæгтæ! Æцæгæй сын заманайы чысыл, рæсугъд къæс рауади. Ныр Батикы хъуыдымæ гæсгæ къæсыл дуар дæр хъуыди æрцауындзын. Бадзи нæ разы кодта: - Цæй дуар æй хъæуы? Куыдзы дуар æхгæдæй чи дары? Куыдз сæрибарæй хъуамæ бацæуа æмæ рацæуа йæ къæсæй, кæд æй бафæнда, уæд. - Æнæдуар хæдзар кæм федтай? Дуар ыл бакæндзыстæм, фæ- лæ-иу гом уыдзæн. Бахиздзæн къæбыла куы йæ бафæнда æмæ йæ гобаныл бафынæй кæндзæн, стæй та рахиздзæн, - йæхион кодта Батик. - Кæд æхсæвæй, бонæй гом уыдзæн, уæд ма цы пайда у? - Ба- дзи дæр нал æнцад. - Рæсугъд нæу, æмбарыс æви нæ! - æмæ йæ мадмæ мæстæй- дзаг хъæлæсæй фæхъæр кодта: - 0 гыцци! Исты-ма зæгъ амæн, гъо! Иууыл йæхион хъуамæ скъæра? Мадинæ сæм æввахс бацыд:
- Цы та кодтат, къæбæдатæ? - ахæм хъарм рæвдаугæ хъæ- лæс уыд усæн æмæ лæппутæ, цыма йын фыццаг хатт хъуы- стой йæ узæлгæ, уарзтæйдзаг дзырдтæ, фефсæрмыгонд сты, сæ дыууæ дæр æм хатыркурæджы цæстæнгасæй скастысты. Иу- дыууæ уысмы бæрц сдзурын дæр ницы сфæрæзтой. Стæй Бадзи фæцырд æмæ Мадинæйæн ахæм хуызы дзуапп кодта, цæмæй йæ фæхатыдаид - æз растдæр дæн, фæлæ йын хистæры барст кæ- нын, уый нырма саби у: - Ницы, Мади, ницы. Нæхæдæг фидаудзыстæм. Æмæ Бадзи, æцæгæйдæр, афтæ нымадта - æз дзы хистæр дæн æмæ мæм хъуамæ хъуса, æз фылдæр æмæ хуыздæр æмбарын алцы. Хылы сæр нæ никуы хъæуы, фæлæ афтæ у, уый. Æз лæг- дæрдæн... Батик Бадзимæ ахæм хъуыдытимæ æргуыбыр кодта, йæ арм ын йе уæхскыл рæвдаугæ æрхаста æмæ йын фæлмæн хъæлæсæй загъта: - Гъо, æмæ хорз. Цæуыл тæргæйттæ кæныс? Æцæгæй, дуари- мæ хуыздæр рафидаудзæн. - Уæдæ æз æдылы дæн? Мæнæ-ма йæ куыд æрцауындзæм, ахæм исты рацагурæм, - сæрыстырæй загъта лæппу - йæ ны- хас атылд æмæ байрад. Афтæ гъе, фæстаг рæстæджыты нал хъуыста Бадзимæ, уæлдайдæр скъоламæ цæуын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ. Дзæбæх ахуыр кодта, Мадинæ дæр ын амыд- та хæдзары æмæ дзы ахуыргæнджытæ æппæлын куы райдыд- той - æмбаргæ сывæллон у, алцы иу амындæй бамбары, зæгъгæ, уæд йæхицæй ныббуц æмæ Бадзийы æмсæр æвæрдта йæхи. Ссардтой лæппутæ къæдзой зæгæлтæ æмæ ныр æмзондæй арæзтой сæ къæбылайы «галуанæн» дуар. Мадинæ сæм иучысыл рæстæг мидбылхудгæ фæкаст, стæй мидæмæ, хæдзармæ бахызти. Æфснайыныл та схæцыд - алцы хъуамæ йæ бынаты уыдаид, рыджы мур ма хъуамæ уа къуым- ты - æмæ хæцъилæй сæрфта дзаумæтты. Иуцъус рæстæг ра- цыд, афтæ йæм гом дуарæй йæ файнусты хъæлæс æрбайхъуыст. Ануси фæстаг рæстæджыты арæх æрбауай-æрбауай кодта, куы- иу цы æрбайста йæ къухы, куы - цы. Уымæй архайдта, цæмæй иуæрдыгæй Темболы раз йæ зæрдæхудтæй йæхи ссæрибар код- таид, иннæмæй та ноджыдæр сбæлвырд кодтаид чындз æмæ тиуы ’хсæн зæрдæхсаинагæй æцæгæй исты уыд æви нæ. Абон
дæр æй фæци æфсон цæй фæдыл та бауадаид Мадинæтæм - хæбизджынтæ ракодта йæ бинонтæн æмæ дзы Бадзи æмæ Ба- тик дæр куыднæ хъуамæ бахордтаиккой æмæ сын дзы тæвдæй æрбахаста. Мадинæ йын йæ хъæлæс куыддæр фехъуыста, афтæ йæм ра- уади. Ануси лæппуты цур лæууыд æмæ сын уайдзæфы хуызы дзырдта: - Уæ уроктæ сахуыр кодтат, къулбадджытæ, бонсауизæрмæ хъазын йеддæмæ куыницы аразут, и?! Мадинæ æрхызти кæртмæ æмæ Анусийæн худгæбылæй загъта: - Хуыцау дæ куыд сарæзта, гъе! Еныртæккæ ахъуыды кодтон, фæдзурон мæ лæппутæм æмæ сын сихор бахæрын кæнон, стæй сын сæ уроктæм æркæсон, зæгъын. Стæй лæппутæн хæдзарæрдæм ацамыдта: - Рацæут, рацæут, мæ дзæбæх лæппутæ, мæнæ уын цы хæ- бизджынтæ æрбахаста уæхи гыцци, мæнæ! - Анусийы къухæй тæбæгъ райста, - цомут тагъддæр. - Кæд афтæ дзæбæх лæппуты хъомыл кæныс, уæд уæм хæ- бизджынтæ куыднæ æмбæлы - уый та уын мæ быгъдуан, æн- дæр та цы зонын, - цайдагъмæ гæсгæ та фелхыскъ кодта йæ файнусты. Мадинæ йын æвиппайды фæхатыд йæ хъæлæсы дæл- дзиныггæнæг зæл - ома «кæй лæппуты мын хъомыл кæныс», фæлæ ницы равдыста, «йæ удысконд цы у, уый у, ницы йæ раив- дзæн» - ахъуыды кодта æмæ йын рæдауæй загъта: - Цом иумæ басихор кæнæм иууылдæр. Куы йæ зонын, ды хæдзары ницы бахордтаис, ардæм ратындзыдтай, цæмæй сæ хъармæй сывæллæттæн æрбахастаис. Мадинæ фынг æрæвæрдта æмæ иууылдæр йæ алыварс рабад- тысты. Лæппутæ хæбизджыны цур хъæрмхуыпп нал бакуымд- той. Мадинæ дæр сыл нал ныттыхæй æмæ сын хæбизджыны лыггæгтæ сæ размæ ссыдта. - Ахæрут, мæ лæппутæ, ахæрут, цалынмæ хъарм сты. Ануси йæ файнусты афтæ райгæ æмæ цингæнгæ рагæй нал федта. Иæ цæсгом иудадзыг катайхуыз уыд. Истæуыл-иу куы бахудт, уæддæр йæ цæстыты йæ маст фæлмау бадт - абон та йæ цæстытæ цины æрттывд кодтой æмæ Анусийæн йæхи мæстаг ныр тынгдæр сагайдта йæ зæрдæ æмæ æрхæндæг хъæлæсæй сдзырдТа;
- Хорз у ацы къæбæдатæ ам, нæ фарсмæ сты æмæ сæ дыууæ дæр иумæ цæуынц скъоламæ, хæдзары дæр кæрæдзи ирхæф- сынц, фæлæ куыд рæзынц, афтæ сæ маст дæр фылдæр кæны. - Цæй масты кой кæныс, дæ хорзæхæй, æз фырцинæй мæхи- цæн бынат куынал арын - мæ лæппу Бадзийы куы сæййæфта, нæ йæ хатыс? - Уый уал фендзынæ, скъола дын куы фæуа, уæд ма дæ зонд- мæ хъусдзæн æви нæ! Мæнæ нæ чиныгыл мард лæппумæ нæ кæсыс? Ацы аз скъола фæуд кæны æмæ ацæуын йæ зæрды ис... - Æмæ уым мæстагæй цы ис, Ануси, йæ ахуыр адарддæр кæндзæн, институт фæуыдзæн æмæ ахуыргонд лæг рацæудзæн, уымæй хуыздæр ма нæ цы хъæуы! - Уыйас та куыд не ’мбарын, фæлæ йæ бæллæх цæй мидæг ис, уый зоныс? Чъребамæ йæ нæ фæнды - уым цы уæлдæр ахуыр- гæнæндон ис, уый æрмæст ахуыргæнджыты цæттæ кæны, мæн та, дам, дохтыр суæвын фæнды. - Тынг хорз, раст хъуыды ис лæппумæ. Мæнæн дæр афтæ загъ- та, - фæцырд Мадинæ. - Ды дæр ыл базыртæ куыднæ басагътаис, уæдæ! Æмæ ууыл цæмæннæ хъуыды кæнут, уæд æй Уæрæсемæ кæнæ Дзæу- джыхъæумæ ацæуын кæй хъæуы? Махæн та уыцы фадæттæ кæм ис, чи нын ис уым, чи балæудзæн йæ фарсмæ, хицау ын нæ хъæуы? - Тыхсгæ ма кæн, Ацæмæз зондджын лаеппу у, хорз ахуыр кæны, æнæмæнгæй бахаудзæн институтмæ. Йæхицæй йæ ныфс куынæ уаид, уæд нæ аскъуыддзаг кодтаид афтæ. Æмæ сæйраг уый у - бахауа, айсой йæ, стæй æндæр ранæй æрцæуæг студент- тæн иумæйаг цæрæндоны бынат дæттынц, æхцайы фæрæзтæй дæр сын алы мæй æххуыс кæнынц, чи хуыздæр ахуыр кæны, афтæ сын фылдæр стипенди фидынц. Чысыл истæмæйты-иу ын мах дæр аххуыс кæндзыстæм. Нæ йæ зоныс, дæ лæппу алцæмæ куыд рæхсы, ахуыры æмрæстæджы куыст дæр ссардзæн. Мæнæ нæ... - йæ ныхас йæ æвзаджы цъуппыл ацахста Мадинæ - чысыл ма бахъæуа Дудуйы кой скæна æмæ куы ферхæцыд, уæд Ануси фæцырд: - Дудуйæ зæгъыс, нæ? Амæйразмæ мыл Аничкæ рамбæлд, Ду- дуйæ йæ афарстон - куыд никуыуал фæзынд, нал æрцæуы уыцы чызг, уый куыд у, зæгъын. Уый мын афтæ сæрыстырæй раппæ- лыд уыцы мæлинагæй, кæм, дам, æй æвдæлы, ахуыр дæр кæны,
кусгæ дæр. Герас æй арæх абæрæг кæны. Мæхæдæг дæр æм цал- дæр хатты уыдтæн. Медтехникум куы фæци, уæд ын загътам, хъæумæ рацу, уым кусдзынæ, зæгъын. Уый мединститутмæ ба- хаста йæ документтæ æмæ, дам, ныр та уым ахуыр кæны. Кæсыс, куыд сæрæн разынди... Уæдмæ сывæллæттæ хæрд фесты æмæ сыстадысты. Мадинæ Анусийæн ницы сдзуапп кодта, Дудуйы скоймæ йæ зæрдæйы хорз равг цæмæндæр æрбайсæфт æмæ йæ цæмæй йæ файнуст ма фæхата, уый тыххæй лæппуты ’рдæм фæци: - Ма та ахизут кæртмæ, фаг уын у. Уæртæ уæ чингуытæм æркæсут, ныртæккæ уæ бæрæг кæндзынæн, чи уæ куыд хуыз- дæр цæттæ у. - Цæй, æз дæр ацæуон уæдæ, мæ куыстытæ акæнон. Æз дæуæн зæгъон, исчи сæ мæ бæсты сараздзæн æмæ мын мæ къух фæрог кæндзæн, - загъта Ануси æмæ сыстад. Мадинæ йæ фæстæ ахызт, йæ къус æм авæрдта æмæ фæстæ- мæ куы æрбаздæхт, уæд сывæллæттæ сæхæдæг цыдæртæ ар- хайдтой. Мадинæ сын æркаст сæ хæдзарон хæслæвæрттæм. Ба- тикæн дзы барæстытæ кодта, ацамыдта йын цыдæртæ, фæлæ йæ хъуыдытæ куыддæр ныдздзæгъæлтæ сты, цыма йæ æппын- дæр не ’ндæвта сывæллæттæ куыд æмæ цы аразынц, цыдæр æрхæндæг æй сбаста. Стæй адонæй дæр йæхи айста, фынг аф- снайдта, къустæ ныхсадта, фæлæ йæ цыдæр тыхсын кодта, йæ- хицæн бынат нал ардта. Стæй куыддæрты æрцахста йæхи æмæ йæхимæ рамæсты и: «Цыма мын æндæр ницы куыст ис! Ныр мæ мауал ныууадзæт, иудадзыг мæ цæстыты раз хъуамæ лæууа, йæ дызæрдыггæнгæ цæстæнгасимæ-иу Батикмæ куы ным- дзаст... Ацыдтæ æмæ дæ хъуыддаг раст, хорз амонд дæ хай! Мæн ныууадз мæ мæгуырыл!», - Дудуимæ быцæу кодта Мадинæ йæ хъуыдыты. Дуду хъæуæй куы ацыд æмæ фæстæмæ Гераси- мæ кæй нал раздæхти, уыцы хабар Мадинæйæн уыди æгæрон удæнцойдзинады хос. «Цæмæн, цы мын кодта?» - йæхи-иу афар- ста, фæлæ кæронмæ никуы басаст йæхицæн, кæй дзы тарсти, ууыл. Куы-иу ’рымысыд куыд зыдæй-иу нымдзаст Батикмæ, йæ цæстытæ куыд цыдæргъуызон æрттывд кодтой, уæд-иу дзы цыдаер тас бацыд, йæ уæнгтæ-иу уазалдзыдау барызтысты. Цы- дæр дызæрдыджы æнкъарæн-иу æй йæ уæлныхты систа: «Ай цыдæр зоны... Кæнæ ацы сывæллонæн йæ ныййарджытимæ
зонгæ у, кæнæ та йæ аргъуанмæ чи æрбахаста, уыдонимæ у æмдзæхтон. Уæдæ сывæллон никуы федта, цы, цымыдисгæнгæ, йæм ныццæвы йæ цæстытæ? Бацæуæд æм, баузæлæд ыл, чысыл сабитыл куыд узæлынц, афтæ, чи йæ нæ уадзы, цæмæй дзы тæр- сы, хæцгæ йыл кæны, мыййаг? Нæй, мæ зæрдæ мæм афтæ дзу- ры - ай цыдæр зоны ацы хабарæн, йæ атæдзæн ын зоны... Искæ- йы цур куы зæгъа исты, уæд куыд кæндзынæн? Мæ удæгасæй мын мæ лæппуйы ничи байсдзæн! Уый никуы уыдзæн! Фæлæ, сабийы хъустыл куы æрцæуа исты...». Æмæ иугæр Дуду хъæуæй ацыд, уæд Мадинæ чысылгай æрсабыр - «Хуыцау, дæ фæрцы дард уыдзæн, нæ йæ уындзæн, æмæ йæ йæ кой скæнын дæр кæм бахъæудзæн». Фæлæ-иу искуыдæй-искуыдмæ йæ цуры Дудуйы кой исчи куы скодта, уæд та-иу йæ мидсагъæстæ ногæй райхъал сты, - уæдта... Цынæ вæййы? Куыдфæстагмæ лæппу куыд рæзти æмæ Дуду дæр хъæумæ куынал здæхт, уæд Мадинæйæн йæ ныфс фидарæй-фидардæр кодта. «Чи йæ рауæлдай кодта, уый кæд йæ рæдыд бамбæрста, уæд æй æрцагуырдтаид, ныр мæнæ цал азы рацыд, скъоладзау у, цард ын фестон мæ зæрдæдарæнæн. Хъæу- бæстæй дæр раджы ферох уыцы хабар, иууылдæр æй мæ лæппу куы хонынц: «Куыд хорз лæппу дын ис, Мадинæ», амæйразмæ мын Бабиан дæр куы загъта, нæ цурты куы рацæйцыд, уæд...». Йæ хъуыдыйы æмгæрондæр никуы æрцыд Мадинæйæн - Ду- ду йæхи дард цæмæ аласта, уый аххосаг Батик кæй уыд... Дуду дард бæргæ фæцыд, фæлæ йæ уды æмдзæринау кæй фæлгонц бацард, ууыл хъуыды йæ уæгъд нæ уагъта. Ахуыр код- та, куыста, хæдзары архайдта, киномæ дæр цыд - сæрибар рæс- тæг ын ма хъуамæ уыдаид, цæмæй исчердæм йæ риссаг хъуы- дытæй йæхи фервæзын кодтаид. Хъуыдытыл гуыдыр сæвæрæн нæй - уыдон сæрибар сты, архай цасдæриддæр дæ фæнды, уы- йас, уæддæр сæхион кæнынц. Æмæ Дуду кæд йæхицæн уырнын кодта, афтæ хуыздæр у лæппуйæн зæгъгæ, уæддæр рæстæг цыд æмæ йæ азым тынгæй- тынгдæр хъардта зæрдæмæ æмæ йын сæрибарæй цæрыны фадат нæ лæвæрдта. Цал хатты аскъуыддзаг кодта, Герас куы æрцæуа, уæд æй бафæрсон: куыд у, кæйас сси Мадинæйы лæппу», фæлæ цæй æфсон, куыд æрæппара ацы дудаг фарстыл ныхас, уый йæ къухы никуы æфтыд.
Хатт царды æрцæуы афтæ дæр - бирæ цæуыл хъуыды кæныс, тынг зæрдиагæй дæ цы фæнды, уымæн дын æнæнхъæлæджы фадат фæуыдзæн æмæ йæ сæххæст кæндзынæ. Уыцы аз куыддæр аттестат райста, афтæ Ацæмæз бинонтимæ бадзырдта æмæ иумæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй Дзæуджы- хъæуы мединститутмæ радтаид фæлварæнтæ. Афтæ зæрдиагæй йæ кæй фæндыд дохтыр суæвын, уымæ гæсгæ йæ разы куыд балæууыдаиккой ныййарджытæ. Æцæг, Чъребамæ ацыдаид ахуырмæ, уый сын къух хуыздæр лæвæрдта - æввахс уыд, кæм ын дзы хæстæджытæ дæр уыд æмæ æнæзæрдæхсайгæдæр уы- даиккой. Ацыд лæппу йæхиуыл йæ зæрдæ даргæйæ, никæйы бахъыг- дардта, йæхæдæг самал кодта рæстæгмæ цæрæнбынат инсти- тутмæ æввахс æмæ æхсæвæй, бонæй йæ чиныг йæ къухæй нæ уагъта. Абитуриенттæ афтæ бирæ уыдысты, æмæ иу бынатмæ 27-æй уыдысты. Сæ иу хъуамæ фæуæлахиз уыдаид. Нæ тарст Ацæ- мæз - йæхиуыл æууæндыд. Къодах йæ фыццаг цæфæй бæрæг у, куыд фæзæгъынц, афтæ рауад - фыццаг фæлварæнæй «фондз», дыккагæй дæр «фондз», æртыккагæй дæр ыл иууылдæр сæ цæст æрæвæрдтой. Уæлдай фарстытæ дæр æм лæвæрдтой æмæ сæ дисыл æфтыдта ацы «хъæууон» лæппу йæ раст дзуаппытæй, йæ сæрныллæг, хиуылхæцгæ ахастæй. Бакастæй дæр зæрдæ- мæдзæугæ, рæсугъд лæппу уыдис. Фæлварæнтæ куы фесты æмæ номхыгъды йæ ном, йæ мыггаг куы бакасти Ацæмæз, уæд йæхицæй амондджындæр никæй æнхъæлдта. Ныр ахуыр дæр куыд æмбæлы, афтæ кæй кæндзæн, ууыл дзырд дæр нæй, фæлæ бацархайын хъæуы, цæмæй куыст ссара, ахæм куыст - лекцитæм цæуын æй ма бахъыгдара. «Цæй, мæ хæдзармæ уал фæцæуон, хабар сын ныххæссон, куы раздæхон, уæд ссардзынæн куыст дæр», - загъта йæхицæн Ацæмæз æмæ рацыд. Æрцыд хорз хабаримæ хъæумæ æмæ бинонтæн сæ цинæн кæрон нал уыд. Мадинæ фырцинæй йæхицæн бынат нал ардта: ~ Нæ дын дзырдтон, Ануси - ныттыхст йæ файнустыл Мади- нæ, иæ марг ныхæстæ йын æппындæр йæ зæрдыл нæ даргæ- иæ, - дохтыр лæппу нын уыдзæн, дохтыр! Темболы зæрдæ дæр куыднæ барухс - йæ зæнæджы хистæр дохтыр уыдзæн, уый кæуылты амонд уыд! Ныттыхсти Ацæмæ- ’ иæ РиУмæ йæ нылхъывта - кæд-иу не ’вдыста йæ лæппутæн
йæ зæрдæйы хъарм æнкъарæн, уæд ныр йæхиуыл нал фæтых, аба йын кодта: - Бæдæйнаг! Ныр лæг дæ! Стæй устытырдæм фездæхт: - Фезмæлут, кæрдзынтæ ракæнут! Мах та хъыбылтæй иу æр- баргæвддзыстæм, - сыхмæ фæдзурын хъæуы, акувой йын. Уыцы изæр æввахс сыхæгтæ усæй, лæгæй æрбамбырдысты æмæ дзæбæх фæминас кодтой. Батик æмæ Бадзи йæ æфсымæр- имæ лæггад кодтой фынгылбадджытæн - нозт, хæринаг цырд хастой фынгмæ. Æмæ ради Мадинæйæн йæ зæрдæ, цин кодта - иуæй Ацæмæзы тыххæй, иннæмæй та йæ лæппу лæгау кæй змæлыд. «Цард дын фестон, мæ зæрдиаг, тагъд мын ды дæр скъо- ла фæуыдзынæ æмæ уæлдæр ахуырмæ дæр бацæудзынæ, уæдæ куыд!». Иу къуырийы фæстæ ног ахуыры аз дæр райдыдта æмæ Ацæмæзы Дзæуæджыхъæумæ афæндараст кодтой бинонтæ. Цæ- рæн бынат баххуырсыны сæр æй нæ бахъуыд - студентты æм- дзæрæндоны радтой æрцæуæггаг студенттæн фатертæ æмæ Ацæ дæр æртæ æмбалимæ иумæ райдыдта цæрын. Ныр куыст агурыныл дæр бацархайдта, цæмæй йæ бинонты ма бахъыгдард- таид æмæ æрмæст стипендийы æвджид дæр ма уыдаид - сту- денты чингуытæ дæр хъуыд, дзаумæттæ æлхæнын дæр - горæт уæддæр æндæр у, хъæуккон кондæй цæуын нæ фидауы. Æмæ Ацæ æнæсæрмæхæссон митæ никуы зыдта - фæлварæнтæ куы лæвæрдта, уæд рæстæгмæ кæмæ царди, уыдоны хистæр лæп- пуйæн загъта - искуы исты куыст кæд зоныс, уæд мын баххуыс кæн, зæгъгæ. Уый йын бацамыдта: - Кæм ахуыр кæныс, уыцы институты артгæнæгæй нæ сыхаг зæронд лæг куыста æмæ йæ ныууагъта. Зымæгмæ сæ бахъæу- дзæн ног кусæг бацагурын, кæд дæ бон бауа, уæд дæ дардмæ цæ- уын дæр нæ бахъæудзæн æмæ афтæ зын куыст дæр нæу. Бадзырдтой æмæ йæ зæронд артгæнæг йæхæдæг бакодта, кæмæ хауд хъуыддаг, уымæ æмæ йæ æнæдæлæ-уæлæйæ айстой. Афтæ уал райдыдта лæппу йæ царды фæндаг. Уыцы фæззæг Бабиан амарди. Рынчынтæ рагæй хаста, фæлæ уатон нæ уыд æмæ ничи уыди æнхъæл афтæ ’нæсдзырдыбонæй фæуыдаид. Райсомæй раджы стаг уыд, уыцы райсом йæ уатæй æр’æгмæ куы цыд, уæд æм Аничкæ бахызт æмæ йæ мардæй бай- @^о-^"436 ~х^^^
йæфта... Æнæуыйдæр, дзураг нæ уыд Бабиан, фæлæ Дудуйы ацы- ды фæстæ бынтон смадзура и, мæгуыр. Мæт кодта, хъуыдытæ йын йæ зæрдæ ’хсыдтой: «Цæмæннæуал æрцæуы, ахæм ахуыр циу, улæфты бонтæ кæм нæ вæййы? Кæмæй фæлыгъд, куыничи йын ницы кодта бинонтæй, йæ рæдыды кой куыникæмæн схауд йæ дзыхæй. Цыфæнды фестæд, гъеуал азы дæ ныййарæг мады ма фенай, уый цас раст у? Цæмæн мæ хъæуынц йæ лæвæрттæ хъармдарæнæй, къахы дзаумайæ, кæлмæрзæнæй, мæрдтæм сæ хæссын?». Маст, судзгæ маст æй бахсыдта. Герасы ныхæстæ дæр æй æп- пындæр нæ уырныдтой: «Дзæбæх у цæуыл мæт кæныс, ахуыр дæр кæны, кусгæ дæр æмæ йын рацæуæн нæй, зæгъгæ». Куыд æй бауырныдтаид: сæрды улæфтыты рæстæджы дæр нæй гæнæн æрцæуа? Æмæ амард мад зæрдæрыстæй. Цыфæнды зæрондæй дæр мады мæлæт зын у. Йæ удæгасæй нæм афтæ кæсы мад у, ныййарæг æмæ нæ хъуамæ йæхицæй фылдæр уарза, ауда ныл, мацы цух нæ уадза. Уæдæ куыд, уый йæ æрдзон хæс у - ныййарæг дæ, уæд æм алцы хауы. Афтæ нымайæм хъæбултæ. Фæлæ нæхимæ дæр кæй æмбæлы мадæн зæрдæйы хъарм, уарзт хæлар кæнын, рæвдауын æмæ лæггад кæнын, уый нæ бирæ хатт рох кæны. Не ’нæрхъуыдыйæ æмæ æнæзондæй ма йын йæ зæрдæ дæр фæриссын кæнæм. Мад та, мæгуыр, алцы хъуамæ быхса, бара дын дæ рæдыд дæр, æрмæст дæу - йæ хъæбулы уына зæрдæрайгæйæ, дзæбæхæй... Бадти автобусы фæстаг бадæныл иунæгæй Дуду касти фæр- сагæй æддæмæ æмæ йæ ахæм хъуыдытæ æвдæрзтой. Йæхи ах- хосджыныл нымадта æмæ йæ зæрдæйы тугтæ лæдæрстысты йæ цæссыгтимæ. «Цæмæннæ искуы æрцыдтæн иу хатт уæддæр, цæмæннæ? Иу бон рацыдаин, иу æхсæв сбон кодтаин мæ ныййарæгимæ, райсом æхсæвыцъæхæй аздæхтаин, цæмæй мын ме ’рцыд мачи базыдтаид, æппындæр макæйы федтаин, афтæмæй ацыдаин. Нæ уыд гæнæн? Мæлинаг дæн æз, иууылдæр сæ рауæлдай код- тон ныййарæгæй, хъæбулæй... Æрмæст мæ удыл хъуыды кодтон æмæ кæд аез риссын, уæд мæ мад, мæ фыдæн удтæ нæй, зæрдæтæ сын нæй? Айстон мæхи дард - ма уынон сывæллоны, макуы мæ мацы сиРвæза, мачи мацы базона... Ничи йæ зоны æмæ мыл ныр
хуыздæр бон ис уымæй? Ныр цал азы судзын дывыдон арты: «ацæуон - ма ацæуон» æмæ мæнæ уый онг фæрадæлæ-бадæлæ кодтон æмæ мæ мады дæр удæгасæй нал фендзынæн. Кæмæй мæхи фæхауæггаг кодтон, уый ма зонгæ дæр бакæн- дзынæн? Стæй йæ куы базонон æмæ мæхи уромын мæ бон куы- нæуал бауа, уæд куыд? Куы ахъæр уа, уæд кæуылты маст æр- хæсдзынæн сывæллонæн дæр, йæ хъомылгæнæгæн дæр æмæ ма мæ бинонты дæр дыккаг хатт худинаджы бын куы фæкæн- дзынæн... Мæн чи сæнамонд кодта, уый та йæхицæн афонмæ йæ амонд ссардта... Цæры... Мæн та бакæсын дæр никæмæуал фæн- ды, иууылдæр мæм иугъуызон сайæгойтæ кæсынц...». Æмæ æвиппайды йæ хъуыдыйы раудæгас бæрзонд, йæхицæй хистæр, фæлæ уындджын лæппу-лæг, йæ сæрыхилтæ ранæй-рæтты урс халас дардтой. Æмæ йæ уæздан хъæлæс айзæлыд йæ хъусты: «Ды тынг хорз, рæсугъд, æгъдауджын чызг дæ - мæ мад дæ æппæлы раст ахæмæй. Кæсын дæм ныр къуыридæргъы æмæ дæм къæм æрхæссæн нæй... Фæлæ мæ мады бæллиц сæххæст кæнын мæ бон нæ бауыдзæн... Лæппу мын ис, мæ мад æй нæ зоны, чын- дзаг йæ зæрдæмæ нæ цыд... Фæлæ афтæ рауад... Æмæ сæ ныу- уадзын нæу мæ бон, лæг ма хъуамæ бахæсса йæ сæрмæ ахæм ми. Саби ницыгæнæг у... Æз сом цæуын мæ бинонтæм. Ды мæ мады иунæгæй нæ ныууадздзынæ, зонын æй... Æмæ бузныг, мад æмæ чызгау цæрут...». Æмæ ацыд, йæ хъæбулмæ атындзыдта. Æз та?... Æз та ныр кæдæм тындзын? Мæ мады мардмæ... Æмæ ды нæ зо- ныс, нæ зоныс, хъæбул, дæумæ кæй тындзы мæ мæгуыр уд...». Афтæ удхайраг хъуыдытимæ æрхæццæ Дуду изæры ’рдæм хæдзармæ. Кæрты дуар гом, адæм змæлынц, лæгæй-усæй цы- дæртæ архайынц. Хъæлæба кæнынц, фæлæ кæуын нæ хъуысы, цыма ахæмæй ницы æрцыд... Артыл аг, чидæртæ фынгыл къус- тæ æвæрынц. «Сæхицæн æхсæвæр цæттæ кæнынц», - ныккæр- зыдта йæ зæрдæ чызгæн. Йæ къæхтæ тагъддæр айста: «Исчер- дæм афтæ куы баирвæзин, устытæ мæ ма фæфиппайой». Фæлæ йæ кæцыдæр ауыдта æмæ: - Мæнæ Дуду дæр æрхæццæ! - хъæрæй загъта. Иууылдæр йæ размæ рацыдысты, тыхстытæ йыл кодтой, цыдæртæ йын дзырдтой, мæсæллæй йын кодтой æви йæ истæ- мæй фарстой, ницы сын æмбæрста фыртыхстæй æмæ размæ хæдзарырдæм йæхи ивæзта. Уатмæ куыддæр бахызт æмæ Ба-
бианы урс-урсид æмбæрзæны бын зына-нæзына стæгдары хуы- зæнæй куы суыдта, уæд ыл ныддæлгоммæ ис æмæ афтæ нын- ниудта æмæ къултæ барызтысты. Бауагътой йæ, йæ маст скала, зæгъгæ, фæлæ куынæуал æнцад, уæд æм йæ хо Аничкæ бацыд, схæцыди йыл æмæ йыл ныттыхсти кæугæйæ: - Дæхи мауал æфхæр, мæ зæрдиаг, ницыуал баххуыс кæндзы- нæ нæ рæсугъд нанайæн, ницыуал... Мард дæр, дам, æнæфæхудгæ нæ вæййы, фæзæгъынц. Дуар- гæрон цы сылгоймæгтæ лæууыдысты æрттæдæлармæй, уыдо- нæй иу иннæйы хъусы басусу-бусу кодта: - Уæд дын æй дæ фыд Къола дæр рæхджы баййафæд, кæд дын нæ уыди хуры чызг... - æмæ сæ худын тыхæй уромгæ, кæрт- мæ рахызтысты: - Ныр урс дзаумæттæ дардта ацы «кададжи», уый тыххæй мын æй рæсугъд рахон, - адарддæр кодтой сæ ху- дæн ныхæстæ æмæ æддейæ лæуджыты дæр бахудын кодтой. Цыфæнды фыддуджы дæр хъæуты цæрæг адæм зæхх æмæ кæрæдзийы фæрцы къæбæрцух не ’ййафынц. Кæд фæсхæст би- рæбæрцæй фæцудыдта адæмæн сæ цард, уæддæр цины дæр æмæ хъыджы рæстæджы дæр кæрæдзийы фарс балæууын зо- нынц æмæ алы зындзинады иумæйаг тыхтæй аиуварс кæнынц. Къола æмæ Герас дæр сæрбахъуыды рæстæджы фæстæ ни- куы лæууыдысты, сæхи никуы бааууон кодтой. Æмæ ныр сæхи дæр бахъуыд æххуыс - Бабианы мардæн æгъдау дæттынмæ хъæубæстæ чысылæй, стырæй ныр æртæ боны цыдысты. Алцы- дæр кад æмæ радæй сарæзтой æмæ цыппæрæм бон афæндараст кодтой усы йæ æнусон бынатмæ. Уæлмæрды дæр ын ирон æгъдаумæ гæсгæ хистæр лæгтæ ра- куывтой йæ фæндагæн, рухс ын загътой æмæ йæ стæй арæхст- гай ауагътой ингæны. Фæстаг хæрзбон хæкъуырцкуыдæй код- той саударæг хотæ. Стæй адæм фæстæ алæууыдысты, устытæй бирæтæ сæхи мæрдты ингæнтыл азылдысты, сæ сыджытыл сæ къух авæрынмæ. Дуду, Аничкæ æмæ се ’ввахс хиуæттæй цалдæр усы даер бафалдæр кодтой цалынмæ лæгтæ ингæн сыджытæй йедзаг кодтой. Дуду йæ кæуынæй уæддæр не ’нцад æмæ йæ Аничкæ иуырдæм акодта узæлгæ: - Фаг у дæ нывонд, мауал ку, - æмæ йын йæхи къухсæрфæнæй иæ рустæй цæссыджы фæдты асæрфта. Дуду йæ сæрыл схæцыд æмæ Иæ алыварс йæ цæст ахаста. Сосланы бæрзонд цыртмæ ^^сх^"439 ^^о^©
фæкомкоммæ. Æфсæйнаг æмбонды мидæгæй чидæртæ дидин- гуытимæ архайдтой гуыбырæй. Лæппутæй иу йæ астæу сраст кодта, слæууыд, цыртырдæм фæзылд æмæ йыл йæ къух æрхас- та. Дуду йын ныр йæ цæсгом ирдæй ауыдта. Æмæ йæ цæстытæ цыма нындæгъдысты цæсгомыл... иу уысм, дыууæ... Æви æнæ- хъæн цард. Æваст, цыма сæры ток ныццавта, чысыл размæ ауæз кодта æмæ зæххыл æрхаудта. - Дуду! - æррайау фæхъæр кодта Аничкæ æмæ йæм фæлæ- бурдта, æрбадт зæххыл æмæ йын йæ сæр йæ уæрджытыл авæрд- та. Чызджы цæсгом митау - урс, цæстытæ - цъынд. - Дон! Дон ма уæ исчи! - фæхъæр та кодта йæ алыварс дзол- гъо-молгъогæнæг устытæм. Мадинæ æмæ йæ лæппутæ се ’га- сæй раздæр балыгъдысты Аничкæйы хъæрмæ. Тарстхуызæй лæугæ лæппутæм Мадинæ бадзырдта: - Батик, дæ дурын раскъæф! Уысммæ дурынимæ æрбалыгъд лæппу, радта йæ Мадинæмæ: уый ’рыхсадта Дудуйæн йæ цæсгом, Аничкæ та йын йæ къæми- сæнтæ æууæрста. Æмæ базмæлыдысты Дудуйы цæстыхаутæ... Лæппу касти, куыд цъусгай-цъусгай хæцыдысты цæсты уæл- тъыфылтæ сæхиуыл уæлæмæ æмæ йæ зæрдæ суынгæг. Стæй фæстæмæ алæууыд, адæмы ’хсæнты абырыд, йæ фыды цырты цурмæ бацыд æмæ уым йæ цæссыгтæ йæ дысæй асæрфта... Æрчъицын кодтой Дудуйы. - Мæгуыр дæ бон. Æртæфсти йыл йæ ныййарæджы мард, - батæригъæд ын кодта сыхаг ус. - Цы гæнæн ис, мæ хур, афтæ у цард: ныййарджытæ хъуамæ ацæуой, хъæбултæ баззайой, - загъта йын иннæ. Дудуйы кæйдæр марды дæргъæццон дурыл æрбадын код- той. Чидæртæ йæ сабыр кодтой, цыдæртæ йын дзырдтой, фæ- лæ Дудумæ ницы хъуыст. Йæ цæсгомы хуыз йæхимæ æрцыд, цæстытæй та зæхмæ нымдзаст, цыма тарст, исчердæм куы акæ- са, уæд та йæ куы суына, æмæ та... Сæры æрмæст иу хъуыды тæлфыд: «Куыд цæрмыстыгъд æй бакодта, куыд цæрмыс- тыгъд?». Æмæ цалдæр азы размæ, скъоламæ ма куы цыд, сосæ фæндагмæ-иу куы бахызт æмæ иннæ хъæуæй рацæйцæугæ йæ æмцахъхъæнты разæй уый куыд рацæйзгъордта худгæцæсго- мимæ. Цæстытæ, хурау æрттивгæ цæстытæ сау æрфгуыты бы- нæй æрмæст уымæн калдтой цæхæртæ, уымæн тавтой йæ зæрдæ...
Аничкæ йын йæ цæсгомы хуызмæ куы бакаст, уæд фæхатыд, фæхуыздæр, зæгъгæ, æмæ йын рæвдаугæйæ загъта: - Цом, дæ нывонд, ацæуæм ныр хæдзармæ, - йæ цонгыл ын фæхæцыд æмæ йæ растын кодта. Æнæдзургæйæ Дуду сыстад æмæ йемæ сабыр къахдзæфтæй рацыд. Цыд, йæ развæндагмæ кæсгæйæ, цыд æмæ дзы хъыпп- сыпп нæ хаудта. Хæдзармæ куы ’рцыдысты, уæд æй мидæггаг уатмæ бакодта Аничкæ æмæ йæ диваныл æрхуыссын кодта: - Баулæф. Мауал мæт кæн, бабайæн дæр фæтæригъæд кæн, иу маст ын фаг у, - йæхæдæг адæммæ рахызт. Фæстаг азты хæсты цы зындзинæдтæ æмæ мардæрцыдтæ бавзæрстой адæм, уымæ гæсгæ сыл ныр зæронд усы мæлæт уыйбæрц ницыуал бандæвта. Лæг цæуыл нæ сахуыр уыдзæн æмæ цытæ не сфæраздзæн. Фæлæ Дудуйы æнæнхъæлæджы бав- зæры хабар сæм цыдæр дызæрдыггаг фæкаст... чи цы дзырдта, чи - цы. Иу дæр дзы рæгъмæ рахæссинаг хъуыды нæ уыд æмæ ууыл фæци. Æрцæугæ хабарæн йæ æцæг аххосаг кæй хъуыдыйы æрцыдаид - никæй... Иунæг Мадинæйæн нæ лæвæрдта æнцой ацы цау. Цæмæдæр æй дызæрдыггаг хъуыдытæ уæгъд нал уагъ- той. Тагъд куы ацæуид, тагъд куы айсид хъæуæй йæхи, уый ма уыд йæ бæллицц. Уæлмæрдæй адæм хистмæ ратагъд кодтой. Бадзиитæ дæр сындæггай цыдысты хæдзармæ. Батик фæстæмæ акасти, ни- чиуал цыд сæ фæстæ, иууылдæр фæразæй сты. - Бадзи, куыд рæсугъд у Герасы хо, нæ? Абоны онг æй куыд никуы федтон?.. - сдзырдта зæхмæ кæсгæйæ Батик. - Дзурыс ды дæр! Кæм æй хъуамæ федтаис, горæты цæры, ардыгæй дард. Ахуырмæ, дам, ацыд æмæ уым баззади. Æз дæр аей никуыуал федтон, кæд искуы æрцыди, уæддæр ын ницы зо- нын, - загъта йын Бадзи æнæмæтхуызæй æмæ æппындæр нæ бацымыдис кодта, цæмæн ахæм æнкъард æмæ мæстылгъæд уыд лæппуйæн йæ хъæлæс. Æрдæбон уæлмæрды Дудуйыл цы æрцыд, уыцы хабарæй иууылдæр кæй фæтарстысты, уый фæстиуæгыл банымадта, æвæццæгæн, Батикы æнкъарддзинад дæр... Уый та - Дуду хуыс- сыд, къулырдæм йе ’ргом æмæ абон кæй федта, уый бæрджытæ кодта - сæры хъуынтæ уыйау къæбæлдзыг, ных, цæстытæ, фындз, былтæ, рæсугъд былтæ...
Æддейæ хъæлæба нал хъуыст - хист фæци, адæм сæ хæ- дзæрттæм фæцыдысты. Уаты рухс нæ сыгъд. Фæллад-фæлмæцыд бинонтæ дæр схуыссыдысты. Аничкæ Дудумæ бацыд æмæ йæ ныллæг хъæлæсæй бафарста: - Куыд хатыс дæхи, дæ низтæ? Дуду фынæйæфсон скодта æмæ цыма нæ фехъуыста йæ хойы фæлмæн ныхæстæ - ницы сдзуапп кодта. «Баулæф, баулæф, дæ нывонд», - ахъуыды кодта хистæр хо æмæ йæ сынтæгырдæм азылд, йæ пысултæ раласта æмæ схуыссыд. Æнæсымæй хуыссыд Дуду, йæ цæстытæ цъынд, фæлæ цæй фынæй! Хъуыдытæ йын йæ уд хордтой. Цас тынгдæр архайдта цæмæй истыхуызы бафынæй уыдаид, уыйас ноджы йæ фынæй дарддæр лыгъд, хъуыдытæ иу иннæйы сайдтой кæрæдзийы фæ- дыл æмæ æнæаскъуыйгæ ныххал сты йæ сæры. Иу дæр, иунæг- иу хъуыды дæр æм æмгæрон нæ цыд ахæмæй, йæ уд цæуыл фæлæууыдаид. Хæдзарæй йæ æдылы зондæй куы ахъуызыд, уæ- дæй фæстæмæ йæ царды алы бон дæр йæ цæстыты раз лæууыд æмæ сæ сыфгай фæлдæхта. Кæд фыццаг бонты кæрæдзимæ кæ- сынæй не ’фсæстысты, уæд ын абон æрмæст рыст æмæ фыдæхы хос фестадысты. «Цыма æппындæр никуы уыдтæн йæ царды, афтæ мæ сæппæрста йæ зæрдæйæ, иу хатт дæр мæ никуы æрца- гуырдта, цы фæдæн, амардтæн. Æхх, куы амардаин, куы амарда- ин, куыд хорз уыдаид...». Арæхстгай æрзылд йæ фарсыл æмæ йæ цæстæй ракаст, йæ хъус адардта. Бæстæ ныхъхъус, цыма йæ алыварс удгоймаг ничи уыд, афтæ сабыр уыд. Рудзынгæй мæйы рухс калд. Сыстади, йæ дзаумæттæ арæхстгай скодта æмæ æнæсымæй рахызт раззаг уатмæ - ам-иу йæ мад æмæ фыд фынæй кодтой, фæлæ ныр сæ сынтæг афтид уыд... «Баба та кæм фынæй кæны, æвæццæгæн æй иунæгæй йæ зæрдæ нал тæры сæ сынтæгмæ...». - Ахъуыды код- та æмæ еныр æрымысыд, æрмæст еныр ахъуыды кодта йæ мады мардыл, уæдмæ - уæлмæрдæй куы æрыздæхт æмæ уатыл куы бахауд, уæдæй ацы уысммæ æрмæст йæхиуыл цы æрцыд, уыцы цауты ахæсты уыд... æмæ куыд фæхудт йæ зæрдæ йæхиуыл: уы- цы æлхыскъгæнаг рыстæй срыст зæрдæ æмæ йын цыма, уæл- дæф нал фаг кодта - æддæмæ рахызти. Мæйы тымбылæг афтæ ныррухс кодта бæстæ, - хур йæ аны- гуылыны размæ йæ сыгъзæрингъуыз тынтæй фæстаг хъæбыс
куы ныккæны алцæмæн æмæ сæ куы рарттивын кæны, раст аф- тæ. Кæрты æнгузбæласы сыфтæ гæзæмæ рызтысты уддзæфмæ æмæ уарзæтты æвзагæй узæлыдысты кæрæдзийыл, сусу-бусу кодтой. Ацы зæрдæнкъарæн ныв ноджы тынгдæр бацагайдта чызджы зæрдæ æмæ ’рхызт бынмæ. Афтæ цæссыгæй йедзаг цæс- тытæй суыдта æнгузы бын даргъ бандоныл бадгæ йæ фыды... Къола йæ цæнгтæ йæ риуыл дзуарæвæрд, афтæмæй бадти æмæ зæхмæ касти. Дуду йæм бацыд, ризгæ къахдзæфтæй баввахс, йæ фарсмæ æрбадти æмæ йæ сæр йæ фыды уæхскыл бакъул код- та. Иæхи æрæмбæрста зæронд лæг, йæ хъæбулы йæ риумæ ныл- хъывта, йæ сæрæн ын батæ кодта æмæ йæ хъарм цæссыг чызджы сæрыхъуынтыл згъæлд. - «Баба, мæхи баба» - ныууынæргъыдта Дуду æмæ Къолайы уæнгты цыма цыдæр хъарм ахъардта, йæ зæрдæ цыдæр æхцон улæфт скодта: «Æмбары мын мæ хъæбул мæ рыст, æмбары, зæрондæй æнæцардæмбалæй аззайын куыд зын у». Абон уæлмæрды йæ зæрдæ кæй бахъарм Дудуйæн, уыцы цау дæр афтæ бамбæрста фыд - мады мастæй бавзæр йæ зæрдæ. Ноджы тынгдæр æрбалхъывта чызджы æмæ ныллæг, фæсус хъæлæсæй йæ рыст раргом кодта: «Ацыд мæ чызг, дæ мад, ацыд æнæсдзыр- ды бонæй. Æрдæг æнусæй фылдæр фæцардыстæм иумæ æмæ дзы иу хъæрæй ныхас уæддæр искуы куы æрлæууид мæ зæр- дыл. Ныр бынтон бамыр...». Дыууæ ныхасæй суагъта йæ маст зæронд лæг йæ хъæбулы цур æмæ стæй бамыр: «Мæ зонд фæцыд, æнæуыйдæр, рыстзæрдæ чызгæн ма цытæ дзурын», - ахъуыды кодта æмæ йæм фидардæр хъæлæсæй сдзырдта: - Сыстæм, мæ къæбæда чызг, тагъд сбон уыдзæн, мах та фы- нæй дæр нæма бакодтам. Баулæфæм, сом дæр нæ адæмимæ ар- хайын хъæуы. Хæдзармæ бацыдысты фыд æмæ чызг. Кæд Дудуйæн йæ зæрды æндæр хъуыды уыд, æнæраст æмæ рзедыд - ацыдаид, ахъуызыдаид та дард, йæхи доны баппæрста- ид, кæнæ ноджы фыддæр бакодтаид йæхицæн, уæддæр ныр йæ фыды ахæм уавæры фенгæйæ, йæ хъуыды айсæфт, йæ æвзæр равг иæ зæрдæйæ ахауд: «Æдылы уыдтæн æмæ æдылыйæ баззадтæн. Уый ма хъуыд, æнæуыйдæр, зæрдæрыст бинонты?..». Бацыд йæ уатмæ æмæ схуыссыд. Мадæн йе ’вдæм бон дæр куы ахицæн, уæд цы æнæцæугæ уыд ДУДуйæн - иуæй йæ куыстмæ, йæ ахуырмæ, иннæмæй та, кæимæ
цард уал азы, уыцы Лизæ Садулы чызджы дæр рынчынæй ныу- уагъта æмæ уымæ дæр йæ зæрдæ ’хсайдта. Зæронд ус йæхицæн ныфсытæ æвæрдта, хорз чындзаг мæм æрбахаудта, алцæмæй æххæст - уындæй, ахастæй, хæдзары куыстмæ рæвдз, ахуыр- мæ дæр - афтæ. Фыста йæ лæппумæ фыстæджытæ, куыд æрцæ- уа æмæ йæ фыды уæзæгмæ æркæса, бинонты кой бакæна. Лæп- пу нæ æмæ нæ зынд, стæй куы æрцыд æмæ хъуыддæгтæм лыстæг куы æркаст, уæд мады хъуыды бæргæ раст æмæ зондмæ æввахс уыди, фæлæ æгæр байрæджы. Цард алы хатт фæндонмæ гæсгæ кæм вæййы. Лæппуйæн дæр афтæ, йæ мады фæндиаг нæ ацыды- сты йæ хъуыддæгтæ, æвæццæгæн нæдæр йæхи фæндиаг. Фæлæ иугæр арф куы балæгæрды лæг, уæд фæстæмæ фæндаг ссарын фæзын вæййы. Стæй ма дæм кæд ирондзинадæй исты баззад, уæд лæг бæрндзинадæй куыд хъуамæ фæлидза. Бæрндзинадæй дарддæр ма йæ чысыл лæппуйы уарзт ноджы фидардæр рæ- хыстæй сбаста æмæ адæттæ йæ мадæн куы схъæр кодта, уæдæй фæстæмæ усæн йæ ныфсы мæсыг ныппырх, йæ уонг амарди. Куыд уæгъды иунæджы цардæй батыдтон ме ’взонджы бонтæ», - фыццаг хатт басаст йæхицæн. Ницы схъæр кодта Дудуйæн, йæ ныфсытæ уæгъды кæй фе- сты, йæ лæппу йæ коммæ кæй нæ бакаст, фæлæ бонæй-бон æдых- дæр хатыди йæхи æмæ ма Дудуйы фæрцы хыбыр-хыбыр код- та хæдзары дæр æмæ куысты дæр. Нæдæр Дуду схъæр кодта, лæппу йын цы загъта, уый. Уымæн дæр ницы зыдта, куыд кæ- нæ цæмæн хъуамæ схъæр кодтаид мадæн йæ лæппуйы царды хабæрттæ - «Цы бар мын ис, сæ хъуыддаг сæхæдæг скъуыддзаг кæндзысты, мæхи уд къаддæр зындоны нæ судзы». Фæлæ сæ цард Дуду æмæ Лизæйæн ноджы фенгомдæр, кæрæдзийыл цыма ноджы тынгдæр бадти сæ ныхас дæр, сæ хъуыды дæр. Стæй ма Лизæ йæхи лæмæгъæй-лæмæгъдæр хатын куы райдыдта, уæд лæгъстæйы хуызы иу изæр афтæ: - Дуду, мæ чызг, дæ хуыссæнтæ ма мæ уатмæ æрбахæсс æмæ ам бафынæй кæн. Æхсæв уæдта бавзæр дæн, уæд мæ куыд ба- зондзынæ. Дуду дæр куыд не сразы уыдаид, уæдта-ма, æцæгæй исты æххуыс бахъуыд рынчын усы æмæ рахызт йæ уатмæ. Дзæвгар рæстæг афтæ æцæг мад æмæ чызгау иумæ, хъæрмудæй царды- сты’. Зондджын сылгоймаг уыд Лизæ. Дуду афтæ, хъæбулау, йæ
зæрдæмæ кæй æрбахызт, уый Хуыцауы хорзæхыл нымадта. Йæ лæппуйы йæ удæй фылдæр уарзта æмæ йын йæ цард дæр сны- вонд кодта, фæлæ ныр йæ зæрдæ рыст: уæддæр мæ баивта йæ уырыссаг уарзоныл. Иунæг чызг у никуыдæм æй ауадздзы- сты æмæ сæм мæ иунæг хъæбул мидæгмоймæ хъуамæ цæра... Уæгъды нæ фæзæгъынц, чызг мадæн у... Æз та, кæуылты уыды- сты мæ бæллицтæ, мæ фарсмæ уыдзысты Дудуимæ, адджынæй æрвитдзынæн мæ царды бонтæ... Ныр та мæм кæд искуыдæй- искуыдмæ уазæгуаты æрцæуа, уæд бузныг Хуыцауæн...». Афтæ хъуыдытæгæнгæ иу æхсæв йæ хæкъуырццæй куыдмæ райхъал Дуду. Бауади йæм: - Цы кодтай, цы уыд? - Ницы, ницы, мæ чызг, - æмæ йыл йæ дыууæ къухæй атыхст, кæугæйæ йын сфæрæзта: ма мæ ныууадз, Дуду, макуыдæм ацу мæнæй. Дуду нырма фæдисау, стæй йын зæрдæйы хос бадардта, йæ цуры уатыл æрбадт æмæ цалынмæ нæ бафынæй ис, уæдмæ нæ рахызт. Ныр ацы цау дæр йæ зæрдыл æрлæууыд Дудуйæн æмæ ра- тагъд кодта - «мæ сæр хъæуы адæймаджы, æнхъæлмæ мæм кæсы, амæн уал исты аххуыс кæнон, стæй, фенæм...» Рацæттæ йæ кодтой бинонтæ, цыдæртæ йын нывæрдтой æмæ йæ Герас ахизын кодта. Фæндаг Мадинæйы хæдзары фæрсты цыд. Иæ цæстæнгас уыцырдæм уыд здæхт, фæлæ кæрты ничи зынд - «æвæццæгæн скъолайы уыдзæн», - ахъуыды кодта æмæ ма иу каст фæкодта - сæ дæлейæ кулдуары цур тъæпæн дурыл зæронд ус сауты бадти иунæгæй æмæ æвæццæгæн куыдта - йæ къухæй цæстытæ асæрф-асæрф кодта. «Къатин, мæгуыр дæ бон, гас ма дæ утæппæт уæззау мæстыты фæстæ», - ахъуыды кодта чызг æмæ йæ разæй цæуæг Герасы тагъд къахдзæфтæй аййæфта. Ныр эей иухаттау, ардыгæй тагъддæр аирвæза, уый фæндыд. * * * Автобусты станцæйы онг Герас йемæ рацыд. Чъребамæ кæцы автобус цыди, ууыл æй сбадын кодта, йæ дзаумæтты хызын ын иæ къэехты цур æрæвæрдта æмæ:
- Цæй уæдæ, фæндаграст фæу, - загъта йын æмæ чызджы цæсгоммæ куы скасти, уæд ын йæ зæрдæ цыдæр æрхæндæджы æнкъарæн æрбалхъывта: «Куыд тынг алæбырди дыууæ бонмæ». Йæ зæрдæ бадзæбæх кæныны бæсты ма йын уый сфæрæзта: - Тагъд та дæ абæрæг кæндзынæн, - адæмы цур æндæр ницы- уал загъта. Дудуйæн йе ’фсымæры аудгæ, хъарм æрбакастæй йæ зæрдæ суынгæг æмæ йæм донæйдзаг цæстытæй бахудти. Шофыр автобус куы скусын кодта, уæд ма Герас йæ хомæ йæ къух фæтылдта æмæ уый дæр хæдзарырдæм рараст. Дудуйы хъуыдытæ дæр йæ фæстæ ныххал сты. Цалынмæ хæдзарæй рацыдаид, уæдмæ тагъд кодта - ацæуон, тагъддæр ацæуон, кæд мæ уд æрулæфид, зæгъгæ. Ныр ратыдта йæхи, фæлæ уыцы бонты нывтæ йæ сæрæй нæ хицæн кодтой. Ацы иу къуы- ри - бæрцæй авд боны - чызгæн цыма йæ цард æнæхъæнæй йæ армы дзыхъхъы нылхъывта æмæ йæ лæмæрста, лæмæрста æмæ йæ судзгæ цæссыг мидæмæ, зæрдæмæ лæдæрсти. Ацы рыст æмæ катайæ йемыдзаг æй хурх кодтой. Зноны æхсæвы цау та йын йæ мастыл бынтон арт ауагъта, фыд æй куы æрбахъæбыс кодта æмæ дзы йæ зæрдæйы хъæрзт куы сирвæзти. «Мæхи баба, ды дæр ныр мæнау удиунæг дæ, кæд дæ хъæбултæ дæ фарсмæ сты, уæддæр. Дæ ныфсы мæсыг, Герас, демæ ис, дæ хистæр чызг Аничкæ дæ зылд- цух никуы ныууадздзæн, фæлæ æнæ гыцци куыд бафæраздзынæ, æрхъæцмæ йыл куынæ лæууыдтæ?». Æмæ цыма уыцы цæссыгтæ, йæ фыды цæссыгтæ гъеныр æртылдысты йæ рустыл, йæ дысæй сæ асæрфта æмæ аивæй йæ алыварс йæ цæст ахаста. Бæлццæт- тæ кæрæдзиимæ ныхас кодтой, фæлæ дзы Дуду рæстмæ ницы æмбæрста. Бандоныл йæхи иуæрдæм азылдта æмæ æдзынæгæй касти размæ. Йæ буар лыгъди машинæимæ, скъæфта йæ дардмæ, йæ бинонтæй йæ дардмæ ласта. Йæ райгуырæн къуымæй лыгъ- ди, фæлæ йæ уд, йæ цæстытæ нырма уымыты рафт-бафт кодтой. Æрдæбон, нырма иу сахатæй фылдæр нæма рацыдаид, хæ- дзарæй куы рацыдысты Герасимæ иумæ, уæд Сосланты хæдзар- мæ æввахс йæ къахдзæф фæсындæгдæр кодта - кæмæй лыгъ- ди, ууыл ма иу хатт кæд йæ цæст схæцид, иу уынд ма йæ куы фæкæнид, уый тыххæй. Æмæ кæй фенынмæ бæллыд, уый бæсты кæрты æмбонды цур тъæпæн дурыл бадгæ Къатины куы ауыдта: «Æз дын удæгас
æнхъæл дæр куынæуал уыдтæн. Ай та утæппæт дудгæбæтты фæстæ дæр цæры! Уæгъды нæ фæзæгъынц «æнæбонæмгъуыд, дам, мæлæт нæй». Нæргæ бинонтæй афтидæй аззади, иунæгæй, æнæхицауæй. Æмæ уæддæр цæры, удæгас у, иу дзы уæддæр куы аирвæзтаид йæ бинонтæй, иу! Йæ хъæбулы хъæбул уæддæр куы уыдаид йæ цуры!.. Æмæ йæ цæсты раз слæууыд Къатины чындз Ленæ - йæ сывæллонæй йæ чи фервæзын кодта. Уый дæр æрбалæууыд йæ зæрдыл, æнæхъæн бинонты куы ныццагътой, уæд йæ сæры ахæм хъуыды куы февзæрди: «Ленæйы зондæй рауæлдай кодтон мæ сывæллоны, уынын дæр мын æй куынæ ба- уагъта афтæ, дам, дын хуыздæр уыдзæн. Ныр Ленæ нал ис... Сослан æмæ Мадинæ кæй хъомыл кæныц, уыцы лæппу мæн кæй у, уый дæр Ленæйы йеддæмæ ничи зоны. Ныр амарди æмæ ма йæ чи базондзæн». Афтæ куы ахъуыды код- тон æмæ иу уысммæ мæ зæрдæ мæхиуыл куыд фæхудти...». Æмæ ныр та бынтон æндæрырдæм азылд йæ хъуыды: «Куыд æдылы, куыд цыбырзонд уыдтæн. Фæлтау куы цардаиккой иууылдæр æмæ куы рахъæр уыдаид мæ худинаджы хабар уыцы бонты, йæ ногыл мын куы базыдаиккой мæ ныййарджытæ мæ рæдыд. Мæнæн хæдзары алцы барст куы уыд, уый дæр мын ныббарста- иккой, схъомыл мын кодтаиккой мæ лæппуйы æмæ абон ахæм дывыдон арты нæ судзин. Иу хатт ма йæ æввахсмæ куы федтаин. Йæ хъæлæс ын уæд- дæр куы фехъуыстаин...». Ахъуыды кодта æмæ йæхæдæг фæтарс- ти йæ хъуыдыйæ: «Уæдта-ма мæхи нал баурæдтон æмæ рар- гом кодтон ме стыр тæригъæд, ме стыр рæдыд... Уый кæуылты арвы цæф уыдаид мæ бинонтæн, Мадинæйæн æмæ лæппуйæн йæхицæн, мады ад кæмæй зоны, уыцы ус йæ мад нæу?!» Нæй! Тынг раст бакодтон, кæй рацыдтæн. Дард, ноджы дард- дæр хъæуы фæлидзын. Мæ кой, мæ хъæр кæцæй нал хъуыса, ахæм ранмæ хъæуы фæлидзын. Æз фыдбылызы йеддæмæ никæ- мæн ницы пайда дæн, кæй рауæлдай кодтон, уыцы хъæбулæн Даер ничи дæн, йе знаг дæн. Æмæ мæнæ фидæнмæ мæ диплом куы райсон, уæд дард - Уæрæсемæ, Сыбырмæ фесафдзынæн мæ сæр. Æз аххосджын дæн æмæ уымæн рарастгæнæн нал ис... Кæд ма дыууиссæдзæм боны æрцæуон, уæд...». Æнæхъæн фæндаг афтæ йæ хъуыдытимæ тохгæнгæ фæцыд. ÆРхæццæ изæры хæдзармæ, æмæ Лизæйы уаты хуысгæйæ куы
æрæййæфта, уæд æй ног аудинаг, æндæр æнæмæнгдæр аразинаг хъуыддаг фæиппæрд кодта йæ риссаг катæйттæй. - Кæм дæ, мæ чызг, мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты, - йæхи дæр куыд нæ фæндыд, ахæм тæригъæддаг хъæлæсæй сдзырдта ус æмæ йыл ныттыхст, мад йæ хъæбулы куыд зæрдиагæй нытту- хы йæ риумæ, афтæ йæ ныхъхъæбыс кодта. Æмæ Дуду уыцы уысм арфдæр бамбæрста куыд тынг хъуыд ацы иунæг сылгоймаджы йæ сæр. Ацы хъуыды дзы цыдæр тых бауагъта æмæ фæндагыл цы зæрдæмарæн катæйттимæ фæцыд, уыдон чысылгай сæ хуыз фæивтой. Ныр æндæрæрдæм, сомбо- ны цард фæхуыздæр кæныны хъуыдытæм раздæхт. «Æз мæ сы- вæллоныл мæ къух куыддæр райгуырд, афтæ систон æмæ нæ дыууæйæ кæцы тæригъæддæр у, уый иунæг Хуыцауы йеддæмæ ничи равзардзæн. Ай та ацы рæдау æмæ рæстаг адæймаг йæ цард йæ иунæг хъæбулæн снывонд кодта, схъомыл æй кодта иунæгæй, уæлдæр ахуыр дæр ын фæци, ницы цух æй уагъта. Абон Мæскуыйы хорз бынаты кусы, ницы цух у, йæ мад та ам иунæгæй æрвиты йæ зæры бонтæ. Цæмæйдæрты ацы сылгоймаджы хъыс- мæт цыма æввахс у мæ хъысмæтимæ. Йæ лæггæдтæй дæр цух нæ дæн. Ай фæрцы куы бахаудтæн медтехникуммæ, куыст дæр мын куы ссардта, мединститутмæ дæр мын мæ къух куы сарæзта, гъе- уал азы мад æмæ чызгау куы цæрæм, уæд хæсджын нæ дæн æмæ йын балæггад кæнон, йæ фарсмæ балæууон? Уый дызæрдыггаг нæу, афтæ у æмæ куыд мæ бон суа, афтæ йын йæ хæрзтæ хорзæй, уæлдайджынтæй хъуамæ бафидон», - хъуыдытæ кæрæдзи фæс- тæ гуырдысты, хорз хъуыдытæ æмæ чысылгай йæхи æрцахста. Кæд йæ хорзгæнæг сылгоймаджы тыххæй уыдысты ацы хорз хъуыдытæ, уæддæр фылдæр йæхи царды, йæхи сæрмагонд сом- боны нысаниуæг уыдта ацы дзымандыты. Афтæ у адæймагæн йæ сконд - цыдæр рахæцæн, цыдæр бындур хъуамæ ссара йæхи сраст кæнынæн, æмткæй йæ уæвынадæн. Æмæ Дуду кæд абоны онг дæр зæрдиагæй лæггад кодта Лизæйæн, уарзта æмæ йын кад код- та, уæд абон уый йæ мады, йæ ныййарæг мады бынаты сæвæрд- та. «Мæхи гыццийæн мын цы нæ бантыст, уый хъуамæ амæн фæуон», - фидарæй аскъуыдздзаг кодта æмæ адæймаг йæхимæ хæс куы райсы, уæд йæхи тыхджындæр фæхаты - цы загътон, уый æххæст хъуамæ æрцæуа.
Хæдзарæй цытæ рахаста, уыцы хæринæгтæй уал усимæ иумæ бахордтой, стæй хæдзар рафснæйдтытæ кодта, рынчынæн йæ хуыссæны цъæрттæ раивта, ныннадта йæ æмæ Лизæ фырцинæй йæ цæссыг нал урæдта. - Бузныг Хуыцауæн, бузныг, дæу мын мæ хæдзармæ чи æр- барвыста, Дуду. Хихъæбул дæр мæм афтæ нæ... - йæ ныхас кæ- ронмæ зæгъын нал сфæрæзта, йæ кæуын йæ хъ^ырмæ схæццæ. «Хъæбул дæр схъомыл кодтон иунæг удæй... Йæ сæр мын хуы- цау дзæбæхæй уадзæнт, йæ ныфс мын ма фесæфæд, фæлæ... Кæ- сыс, мадæн лæппуйæ чызг хуыздæр у, куы-иу загътой, уæд мæ нæ уырныдта. Ацыди мæ лæппу, афæдз дыууæ-æртæ хатты-иу уæддæр æрцыд уынынмæ. Ныр та... Рацахста йæ иу уырыссаг чызг æмæ мæ кой дæр нал кæны, æрмæст ма кæд телефонæй рæстæгæй-рæстæгмæ радзуры, æндæр ницы... Ай та, кæйдæр хъæбул æмæ мæм хи мады зæрдæ дары. Æцæг йæ мад нал и æмæ йæхæдæг дæр мады рæвдыдæй фæцух, фæлæ ма тæрс мæ чызг, къаддæр дæ нæ бауарзтон æмæ мæхæдæг зонын амæй фæстæ- мæ... мæнæ уал радзæбæх уон, растон, кæд дæу исты цух ныууа- дзон», - ныфсытæ æвæрдта Дудуйæн йæхинымæр æмæ йæхи- цæн дæр йæ зæрдæйыхатт хуыздæр кодта. Рæстæг афтæ тагъд кæны, цыма йæ исчи фæстейæ суры. Дыу- уиссæдзæм бон дæр æрхæццæ, фæлæ Дудуйæн йæ бæллиц нæ сæххæст - тæккæ зымæджы къæсæрмæ æрцыд уыцы бон æмæ ахæм стыр мит ныууарыд, зæйтæ рацыд æмæ уыцы иунæг фæн- даг сæхгæдтой, рацæуæнтæ нал уыд. Фæмаст кодта Дуду. Фæлæ ма дзы цы гæнæн уыд. Йæ алыбонон куыстытæ, йæ ахуыр афтæ бирæ рæстæг домдтой æмæ ма йæ уыдон ирвæзын кодтой са- гъæссаг хъуыдытæй. Тагъд зымæгон сесситæ дæр райдыдтой æмæ цæттæ кæнын хъуыд. Афтæ алцæуыл æххæссыд, алцы рæстæгыл æмæ биноныг арæзта, кæд æй мæстæгтæ уæгъд нæ уагътой, уæддæр. Æнæ- хъæн æхсæвты йæ фæлварæнтæм цæттæгæнгæ йæ цæст цъынд нæ зыдта. «Фæндзтæ» иста алы предметæй æмæ ради Лизæ. Развæлгъау ын ницы схъæр кодта, фæлæ фæстаг фæлварæнæй куы æрбаз- дэехт, уæд æй афарста: - Куыд у, мæ чызг, «отлично» та мæм æрбахастай? Дуду йæм йæ мидбыл бахудти:
- Æнæхъæн æхсæвты дæу дæр æгъуыссæг куы фæкæнын, уæд дын «фондз» дæр мауал æрхæссон, - æмæ йæм йæ бæлвырдгæ- нæн равдыста. - Тынг хорз, мæ чызг, æз дæр дын ацы бонмæ ахæм лæвар балхæдтон, - скъаппæй йын рæсугъд æрвгъуыз къаба райста, - хъуамæ дыл сфидауа дæ цæстытæм гæсгæ, - радта йæм æй æмæ йын аба кодта. Дудуйæн æхсызгон куыднæ уыд, фæлæ фефсæрмы: - Æнæуыйдæр мын цъус не ’ххуыс кæныс, афтæ зынаргъ лæ- вар ма дæ цæмæн хъуыд? - Скæн æй æмæ дæм бакæсон, мæ чызг, куыд дыл сфидау- дзæн. Цæйты кой кæныс, дæуæй хуыздæр ма кæмæн фæуон? Æцæгдæр, цыма æрвон чызг уыд, афтæ рæсугъд ыл сбадт къа- ба, цинæйдзаг цæстытæй йæм каст кæсæнæй йæхи ныв. - Æнæнизæй йæ батон, мæ чызг, зымæгон хъарм свитер дæр дын балхæндзынæн ацы мæйы мыздæй. Афтæ хъæрмуд æмæ кæрæдзийыл аудгæйæ, арвыстой сæ зы- мæг. Ралæууыд уалдзæг дæр æмæ сын иу цины хабар дæр æр- хаста - иу изæр Лизæйы фырт фæзынд! Кæм ма уыди мады ци- нæн кæрон - иууылдæр æй æрбайрох сты йæ хъыгтæ, цæуыл æм мæсты кодта, уыдæттæ цыдæр фесты. Мады зæрдæ æгæрон у ар- вау - ахæм рæдыд нæй, мад йæ хъæбулæн цы нæ ныббара. Ныр ам, йæ фарсмæ та ис йæ сагсур лæппу æмæ уыцы хъыгтæ дымгæ йемæ аскъæфта. Кæсынæй йæм нал æфсæст, йæ алыварс рафт- бафт кодта. - Æрбад, мамæ, фыццаг хатт мæ уыныс? - худти лæппу. Фыр- цинæй мадæн йæ хъуыдыйы нал æрцыд йæ бинонтæй йæ афар- стаид. Ай йын хъæбул дæр кæй ис, уый дæр æй æрбайрох. Чысыл фæстæ йæхи æрæмбæрста æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл фæхудти: «Цы скарк дæн зæронд кæнын æмæ мæм мæхи бауро- мыны тыхтæ нал ис æви мæ зонд фæцыд, куыд нæ бафарстон, куыд сты йæ бинонтæ, йæ чысыл хъæбул? Уыдоны тыххæй куы уыд баст Мæскуыйы, уæд иунæгæй цæмæн æрцыд?». - Ницы сын у, - æнæмæтгъуызæй куы сдзуапп кодта мады фарстæн Алан, уæд цыдæр фæхатыд ныййарæджы зæрдæ, цы- дæргъуызон æлхыскъ æй фæкодта. Æмæ йæ цин куыддæр фенæ- ад. «Æз йæ фендæй арвмæ сæххæссыдтæн, амæн та, æвæццæгæн,
йæ хъуыддæгтæ йæ фæндиаг нал сты, цыдæр мæстаг ын ис, цæу- гæ дæр уымæн ракодта?..». Дыууæ-æртæ боны рацыд, лæппу йæхи афтæ дардта, цыма ацæуынмæ нал хъавыд. Дызæрдыггаг касти мадмæ йæ ахаст, фæлæ йæ куыд бафарстаид, цæй мидæг ис хъуыддаг, кæд дæ куыст ныууагътай, уæд дæ бинонты цæмæннæ ракодтай, зæгъ- гæ. Нæ йæ батардта йæ зæрдæ. Ахæм фадат дæр нæ фæци æмæ ныхас æрхаудаид ацы цымыдисон фарсты фæдыл æмæ афтæ ’нæхынцфарстæй раргом уыдаид, цæй мидæг уыд хъуыддаг. Уый- хыгъд мады цæстæй нæ аирвæзт йæ лæппу Дудумæ куыддæр æндæргъуызон кæй дардта йæхи, цыма ницы уыд, ницы æвдыс- та йæ ныхасæй, йæ хъуыддагæй, фæлæ йæхи иууыл чызгæрдæм ласта. Фылдæр уыимæ ныхас кодта, хæринаг аразгæйæ дæр йæ цуры алæууын æмæ йын аххуыс кæнын ын цыма æхцондзинад лæвæрдта. Иу-дыууæ хатты, фæстаг бонты йемæ дæр фæцæуæг Дудуйæн институтмæ куы цыд, уæд. Цалынмæ лекцитæ нæ фесты, уæдмæ горæты фæразил-базил кодта, стæй фæстæмæ институты кæрт- мæ бацыд, банхъæлмæ йæм касти æмæ иумæ рацыдысты хæ- дзармæ. Дзырдтой фæндагыл алцæуыл æмæ ницæуыл. Сæ дыу- уæ дæр хатыдысты уыцы æнæхъуаджы ныхæсты сæр кæй нæ хъуыд, фæлæ истæуыл дзурын хъуыд - иумæ уыдысты, æгомы- гæй цæуын цас хуыздæр уыд. Иу райсом дæр Дуду йæхи куы рацæттæ кодта ацæуынмæ, уæд Алан дæр йемæ рацыд ахæм хуызы, цыма йæхи дæр цыдæр хъуыддаг уыд горæты. Уыцы бонты афтæ æввахс æмæ хъарм кæй рауад сæ цард, иу бинонтау кæрæдзийыл аудгæ, уый Лизæйыл цины базыртæ ба- сагъта, цыма, афтæ рог хатыд йæхи. Кæмдæр йæ зæрдæйы æр- фыты æмбæхст хъуыды райхъал - Дудуйы йæ чындз бакодтаид, уый йæ куы фæндыд. Уæд ын лæппу цæхгæр «нæйы» загъта, рар- гом кодта усимæ кæй бацард, саби дæр сын кæй ис, фæлæ нырма закъонмæ гæсгæ къухфыст не сты... Уæд мады зæрдæ фæрыст, куыднæ мæ бафарста, зæгъгæ. Стæй йæхимæ ныхъхъуыста, йæ зæрдæмæ ныккасти æмæ ницыуал зæгъын баци йæ бон йæ фыр- тæн. «Æмæ æз кæй бафарстон? Æвзонгæн фаг зонд куы дæдтид Хуыцау, уэед рæдыд дæр не ’руадзид. Цæй, кæмæн цы ныффыссы ие скæнаег йæ ныхыл, афтæ ацæуы йæ амонд. Фæлæ цыдæр хабар
æрцыд, тыхсы цæуылдæр мæ лæппу æмæ та йæ нæ хъæр кæны. Хуыцау мын æй дзæбæхæй уадзæд æмæ алцæуылдæр хъæцын... Чи зоны, йæ зонд æрцахста æмæ мæ хъуыдымæ æрцæуа, - хъуы- ды кодта Лизæ, - фæлæ нæ байрæджы? Йæ саби та? Ратдзысты йæ, зæгъæм ахицæн йæ бинойнагимæ?..». Развæлгъау хъуыдытæй-иу йæ хуыссæг фæхауд Лизæйæн, фæлæ-иу райсомæй Дудуимæ дзургæ Аланы райдзаст цæсгоммæ куы фемдзаст, уæд та-иу йæхæдæг дæр хъæлдзæгæй ныхас рай- дыдта семæ. Æмæ иннæ къуырийы кæрон лæппу фæстæмæ аз- дæхт, ницы схъæр кодта нæдæр мадæн, нæдæр Дудуйæн - цы ас- къуыддзаг кодта, уымæн æмæ йæ фидарæй нæ уырныдта ра- уайдзæн йæ хъуыддаг æви нæ. Æрмæст сын ацæуыны размæ, куы йæ фæндараст кодтой, уæд афтæ бакодта: - Мæ къах мæ нал хæссы хæдзарæй, фæлæ та уæ тагъд рæс- тæгмæ абæрæг кæндзынæн, æвæццæгæн, - йæ мадæн уал аба кодта, стæй Дудуйæн йæ къух райста æмæ йын йæ цæстытæм ахæм хъарм æмæ бирæзæгъæг каст ныккодта, чызгæн йæ зæр- дæ цыдæр æнахуыр тыррык-тыррык систа. Афæндараст кодтой Аланы æмæ кæртæй хæдзармæ куы æрбаздæхтысты, уæд сæ дыууæмæ дæр цыдæр хастау фæкастысты къуымтæ. Алцы йæ бы- наты - куыд уыд, афтæ, фæлæ уæддæр афтидгъуыз зынд фатер. Цыма сын дзуринаг ницыуал уыд, уыйау æмырæй хъуыддагара- зæг æвдыстой сæхи. Мады зæрдæйы уаг æмбæрстгонд уыд - ацы бонтæ йæ хъæбулимæ зæрдæрайгæ арвыста, йæ иунæг йæ фарс- мæ уыд æмæ йæм хæдзар цæрдгъуыз куыднæ кастаид. Цыфæн- ды æгуыдзæг нæлгоймаг дæр бинонтæн ныфсы хос у, цыма, тыхдæттæг æмæ сомбон хуыздæрмæ тырнынмæ ахъазгæнæг. Алан та асæй, бакастæй, дзыхы ныхасæй, зондæй æххæст, алы мад цахæммæ фæбæллы, ахæм. Ныр та фæстæмæ аздæхти æмæ, иунæг Хуыцау йæ зонæг, кæд та фæзындзæн... Фæлæ цымыдисон Дудуйы уавæр уыд æмæ йæхæдæг дæр дис кодта: йæ бинонтæм ацыд фæстæмæ, уæдæ куыд - йæ сывæлло- ны ’рымысыд æмæ йæм атагъд кодта. Фæлæ мæнмæ цæмæн ахæм джих каст ныккодта, мæ къух дæр мын афтæ нылхъывта, нал æй фæндыд суагътаид æй. Фæстæмæ фæкæсфæкæсгæнгæ ахызт æмæ цыма йæ мады нæ уыдта, мæнмæ фæхуд-фæхуд кодта... Æхх, æз дæр цæуылты нæ ахъуыды кæнын, кæй хъæуын кæд æмæ мæхи дæр ничи хъæуы - нæлгоймæгтæ
иууылдæр æмхуызæттæ сты. Æвæццæгæн - сæхи дын бауар- зын кæной, стæй дæ фыдæнхъæл фæкæной... Удыхай дын ис, сывæллон дæр, амондджын дæ æмæ цæр дæхи фæндиаг. Æз иу цардамондæй æфхæрд адæймаг мæ сæрæн цы бакæнон, уый куынæуал зонын, дæуыл хъуыды кæнын ма мын нæ фаг кæны?.. Ныр цытæ мысын, чи мæ хæсджын кæны æмæ йыл хъуыды кæ- нон? Уæдæ! Дæумæ ’рхаудта полковникы сиахс!..». Уыцы æхсæв ыл афтæ утæхсæнæй сбон. Райсом растад - хъуыд- даг йæхион домы - йæхимæ базылд, цай рахсыста, фынг æрæ- вæрдта цайдагъмæ гæсгæ. Лизæ дæр йæхи рацæттæ кодта. Ба- хордтой къæбæр æмæ сæ дыууæ дæр иумæ рахызтысты хæдза- рæй - сæ иу - куыстмæ, иннæ институтмæ йæ лекцитæм. Дуду раздæр ссæрибар æмæ комкоммæ хæдзармæ рацыд. Йæ дзаумæттæ раивта, æхсæвæрмæ хæринаг æрцæттæ кодта, фæлæ иунæгæй нæ бахордта - афтæ уыд сæ ахуыр, иумæ хъуамæ ба- хордтаиккой сихор дæр æмæ æхсæвæр дæр. Раст зæгъгæйæ йæм, хæрын дæр нæ цыд - йæ чингуыты стъолмæ бацыд æмæ кæсын райдыдта. Лизæ дæр æрбацыд уæдмæ, æнхъæл куыднæ уыд, ахæм хорз зæрдæйы уагимæ, хъæлдзæгæй Дудуйæн йæ куысты хабæрттæ радзырдта: - Зоныс, Дуду, абон Таняйы чызгæн лæппу райгуырд. - Таня та кæцы у? - Нæ сæрфæг, нал æй хъуыды кæныс, махмæ дæр-иу куы æр- бацыд æххуысмæ. Куыд цин кодта, куывд, дам, сараздзынæн, лæппуйы куывд æмæ, дам, уæ иууылдæр фæхондзынæн. Дуду ницы загъта. Дарддæр каст йæ чиныг, фæлæ ныр чины- джы цæуыл цыд дзырд, уымæн æппындæр ницы æмбæрста - йæ хъуыдыйы февзæрд йæхиуыл цы æрцыд, уыцы цау: æз дæр ный- йардтон лæппу... Æмæ кæмæн уыд æхсызгон, чи мыл бацин код- та?..»; - хъуамæ сыстадаид, цæмæй исты æфсон чысыл дуармæ ахызтаид æмæ Лизæйы ног хабæрттæм мауал хъуыстаид, фæлæ та ус йæ цурмæ баввахс, дзургæ: - Кæс ныр Аланы митæм, кæддæра фæдзура! Ныр цал боны ра- Цыд йæ ацыдæй - фондз, нæ? - Мæ, гъа, - бакодта æнæбары æмæ йæ разы стъолыл теле- фон куы ныззæланг кæнид. Хæтæл систа, куыддæр æй йæ хъу- сыл авæрдта, афтæ:
- Ало! - райхъуыст Аланы хъæлæс. Чызгæн цыдæр фæзын сдзуапп кæнын æмæ йæ Лизæмæ авæрдта: - Алан дзуры. - Куыдзы кой, дам, скæн, æмæ... - хъæлдзæгæй та загъта Лизæ æмæ хæтæлмæ æргуыбыр, - ацы тæккæ дæ кой кодтам, мæ лæп- пу, цæмæн æрæгмæ дзырдтай? Дуду йæхи аиуварс кодта, фæлæ йæ цæстытыл уад, цыхуызæн худгæ каст æм кодта Алан куы йæ фæндараст кодтой, уæд. - Хорз, мæ лæппу, хорз! Æнхъæлмæ дæм кæсæм, - дзырдта мад райгондæй, йæ цæсгом хурау худти. Дуду та цыма цæмæйдæр старст, цыма йæ нæ фæндыд Аланы æрцæуын, æмæ йæхæдæг дæр не ’мбæрста, цы уыд ай, чи йæ фæрсы, лæг йæ хæдзармæ æр- цæудзæн æви нæ, кæцæй йæм хауы? - Дуду, хъæбул, Алан та нæм тагъд зындзæн, æвæццæгæн а дыууæ боны. Æмæ, дам, уын сюрприз хъуамæ саразон. Цахæм, зæгъын æмæ мын афтæ - куы дын æй зæгъон, уæд ма, дам, уы- мæй цæй сюрприз уыдзæн? - йæхæдæг дæр бахудти Лизæ. Ради мад, цин кодта æмæ фырцинæй нæ хатыд Дудуйæн йæ цæсгомы хуыз уысмæй-уысммæ куыд ивта æмæ дзурын дæр кæй нæ фæрæзта, цæмæй йæ тыхстдзинад бамбæхстаид. - Цыма цы æрымысыд, цæмæй нын хъуамæ сараза сюрприз, ды та куыд хъуыды кæныс? - уæгъд æй нал уагъта йæ цымыдис æмæ Дудуйы дæр уынгæджы кодта. - Æвæццæгæн йæ бинонты æркæндзæн йемæ, - цы йæ тых- сын кодта, уыцы хъуыды æнæбары схаудта йæ дзыхæй. Загъта уыцы дзырдтæ æмæ цыма рогæй сулæфыд: «æркæнæд сæ, тынг хорз! Ацы дыууæхатæнон фатеры мæнæн бынат нал уыдзæн æмæ æндæр ран баххуырсдзынæн... Мæгуыр уа мæ бон, кæд куыд æнамонды боны гуырд дæн - лидзгæ, лидзгæ! Кæдæм бацæуын, уырдыгæй лидзинаг фæвæййын алыхатт... Кæмæй лидзын, кæ- дæм лидзын? Мæхи сæрæй дæн лидзинаг, мæхицæй... Æмæ дæ- хицæй кæдæм фæцæудзынæ ме ’дылы сæр? Кæдæмфæнды фæ- цу, дæ уды рис демæ нæ цæудзæн? Кæм ын уыдзæн æнцой зон- гæты фарсмæ æви æцæгæлæтты астæу?.. Никуы, никуы...». Афтæ дыгъуырццæгæй арвыста уыцы цалдæр боны, цалын- мæ Алан не ’рцыд йæ сюрпризимæ. Уый, æцæгæйдæр, æнæнхъæ- лæджы хабар уыд Лизæйæн дæр æмæ Дудуйæн дæр. Æрцыд Алан йæ чысыл лæппуимæ, сюрприз ма дæ цахæм хъæуы? Цин æмæ дызæрдыгдзинад - цæй мидæг и хабар, куыд рауагъта мад чысыл сабийы, йемæ куыд не ’рцыд.
Дудуйæн цыбырдæр уыд йæ дзуапп ацы фарстæн: «Чындз æмбары, Алан йæ мады æнæбафæрсгæйæ кæй бацард йемæ æмæ æфсæрмы кæны, куыд ын равдиса йæхи. Сывæллоны рарвыста, цæмæй йын йæ зæрдæ ссара, хъæбулы хъæбулыл фæцин кæн- дзæн æмæ йын йæ мады дæр æрфæрсдзæн. Лæгъстæ дæр ма йын бакæндзæн...». Ацы хъуыды æххæстæй йæхи дæр нæ уырыныд- та Дудуйы, æгæр уæлæнгай уыд, фæлæ æндæр цы ахъуыды код- таид? Лизæ та... Мады хъуыды цæхгæр æндæрæрдæм уыди æмæ кæд, иумæйагæй сисгæ, раст нæ уыд - бинонты цард фехалын тæригъæды хъуыддаг у Хуыцауы раз... Фæлæ кæд афтæ рауади, уæд сæхи аххос у æмæ йæ райдианы цы уыд Лизæйæн йæ уыцы хъуыдыйæн афтæ æнцондæрæй уыд сæххæстгæнæн... Æмæ уыцы изæр сывæллоныл цинтæй куы бафсæст йæ Нана- Лизæ, уæд цæхгæр бафарста йæ фырты: - Æмæ нæм чындз цæуылнæ саккаг кодта æрцæуын, уый ма мын рахабар кæн. - Чындз дын нал ис, - зæхмæ кæсгæ загъта Алан. - Уый та цы нысан кæны? - Аланмæ нæ, фæлæ Дудумæ бакаст фæрсæджы цæстæй Лизæ. Дуду фергъуыйау - «Æз цы гæнæг дæн», - стæй йæ зæрдæ афтæ сгуыпп-гуыпп кодта æмæ æнæбары йæ къух йæ риуыл авæрдта, цыма йын ратонынæй фæтарст. - Афтæ рауад нæ хъуыддаг, гыцци... Ахицæн стæм. «Куыд фæлхат кæны цот йæ ныййарæджы амонд», - йæ сæры февзæрд риссаг хъуыды Лизæйæн. Æмæ алцыдæр лыстæггай радзырдта лæппу: - Гыцци, æз алыхаттдæр мæ зæрдыл дардтон дæ ныхас «кæрцæн, дам, йе ’мпъузæн йæхицæй хъуамæ уа». Æмбæрстон æй - ирон дæн æмæ уырыссаг кæнæ æндæр æвзагыл дзурæг ма хъуамæ ракуырдтаин - æндæр æмæ æндæр адæмтæм æндæр- гъуызон æгъдæуттæ ис æмæ зынтæй æмбарынц кæрæдзи. Алы- хатт нæ фæрæстмæ уыдзæн сæ цард. Фæлæ афтæ рауадис мæ хъуыддаг. Рæсугъддзинад сайаг у. Рæсугъд уыд, фæлæ иунæг чызг йæ ныййарджытæн æмæ уыд хивæнд. Фыццаг аз иу-дыууæ мæй адджынæй цардыстæм, йæ мад æмæ мæ йæ фыд зæххыл ба- Дьш дэер нæ уагътой. Æниу уыдон абон дæр хорз, хъармахаст да- рынц мæнмæ. Фæлæ сæ чызг иу ран нæ лæууыд - куы-иу кæимæ
сбæндæн, куы - кæимæ æмæ уымæ ацы æнæгъдау ми æппындæр æлгъаг нæ каст. Афтæ дæр ма-иу мын дзырдта - цин дæр, дам, нæ кæныс, дæ ус алкæйы зæрдæмæ кæй цæуы, ууыл. Æз ын бирæ фæбарстон, фæлæ фæстагмæ рацыдтæн сæ хæдзарæй æмæ уазæгдоны цардтæн. Уый дын мæ фæрсгæ дæр куынæ бакæнид, кæм дæн, цы фæдæн. Ныууагъта сывæллоны æмæ кæйдæр фæстæ адымдта. Йæ ныййарджытæн æз никуы бамбæхстон - цæмæн сæ рацыдтæн æмæ кæм цæрын. Сывæллон уынынмæ-иу бауадтæн, æхца дæр сын-иу ныууагътон. Тæригъæд сын кодтон, фæлæ сæхи аххос уыд, афтæ сæрибар æмæ хæтаг кæй схъомыл кодтой. Зæронд ус йæхæдæг рынчын, зилинаг у, мæ сывæллонмæ кæсын кæм уыд йæ бон æмæ йæ мæнæ ракодтон. Дарддæр уæхæдæг зонут æмæ уæ хъару, - мидбылхудгæ та ба- каст нырма мадмæ, стæй - Дудумæ. Уыцы бонæй фæстæмæ цыма алцы йæ гаччы сбадти. Бинон- ты цард адджынæй, хъæрмудæй хъуамæ ацæуа. Хæдзарæн дарæг фæзынд, нæлгоймаг, кæцы иу къуыримæ дыууæ раны ссардта куыст, ницы цух æййафынц. Се ’гасæй стырдæр амонд æмæ цин- хæссæг та чысыл лæппу - бындар... Бинонтæ сты, нымад бинон- тæ, уæдæ ма цы вæййы: мад, йæ фырт, йæ фырты фырт, Дуду... Дуду дæр бинонтыл нымад у æнæгуызавæйæ, уæдæ куыд! Ныр цал азы цæры ацы цары бын, ацы Хуыцауысконд сылгоймаги- мæ мад æмæ чызгау адджынæй, кæрæдзи æмбаргæйæ, лæг- гадгæнгæйæ. Фæлæ уæддæр æнæнцой фæуа зæрдæ, æрулæфт нæ комы, тых- сы, тыхсы, цы йæ хъæуы, цы йын нæ фаг кæны, иудадзыг цæмæн риссы йæ уд, цæмæн? Ныр та йыл ацы чысыл саби бафтыд, æрцауындзæг ыл æмæ йæ уæгъд нал уадзы. Йæ фыццаг фендæй йæ бауарзта, æвиппайды йыл ацахуыр. Куыдз æмæ, дам, сывæллон зæрдæ зонынц. Раст у, тынг раст. Æмæ саби йæ сыгъдæг, æнæлаз æнкъарæнтимæ йæ- хигъæдæй, æвастæй æрбынат кодта чызджы зæрдæйы. Бахызти йæм йæ фæлмæн гаккитæй æмæ хъармы бады, бады тымбыл- тæй, куыд мæнæ, цыма, мады хъæбысы. Уыцы иу къуыри, цалынмæ Алан горæты азылд æмæ куыст ссардта, уæдмæ Лизæ уыд сывæллонимæ. Лизæйæн пенсийы афон рагæй уыд, фæлæ йæ нæ фæндыд æгуыстæй бадын, стæй цæрæнбонты цы коллективы ’хсæн фæкуыста, уыдоныл дæр <Ф^о^/" 456 ~х^^о^^
афтæ сахуыр æмæ йæ йæ къах нал хаста уыдонæй. Ныр дæр уал афтæ бакодта æмæ радон улæфт райста, цалынмæ сывæллон эерцахуыр уа, уæдмæ хæдзары уыдзæн, стæй йæ сывæллæтты цæхæрадонмæ бакæндзысты, афтæ загъта бинонтæн æмæ уы- дон дæр сразы сты. Райсомæй-иу Алан æмæ Дуду иумæ рацыдысты хæдзарæй, сæ иу - йæ куыстмæ, иннæ - йæ лекцитæм институтмæ. Фæндагыл Дуду æгомыгау цыд, Алан та йын алы худæг цаутæ дзырдта, афтæмæй-иу æй бакодта бынатмæ, стæй-иу йæ куыстырдæм адардта йæ фæндаг. Дуду хæдзары дæр Аланмæ æнæмæнг кæд нæ уыд, уæд раздæрау сæрибарæй нал ныхас кодта. Уыйхыгъд сывæллон йæ цурæй нал хызт æмæ йемæ худгæ дæр кодта, хъаз- гæ дæр. Афтæ сахуыр сты кæрæдзийыл, æмæ йæ изæрæй кæд Ду- ду схуыссын кодтаид, кæннæуæд никæмæн куымдта. Нæдæр æй йæ уатæй уагъта æмæ афтæ рауад - Дуду фæстæмæ йæ хатæнмæ ахызт, сывæллон дæр йемæ йæ чысыл сынтæгимæ, Алан æмæ йæ мад та иннæ хатæны фынæй кодтой. Саби-иу адджын фынæй кодта. Дудуйы та йæ удхайраг хъуы- дытæ æрдæгхсæвтæм дæр нæ уагътой фынæй: «Мæхи сывæл- лоны аппæрстон æмæ кæйдæр сывæллоныл мæ уд тайын кæнын. Чи зоны йæ цæстæй куы федтаин, дзидзи йын куы ба- дардтаин, уæд æй афтæ æнцонæй нæ рауæлдай кодтаин. Ныр мын, æвæццæгæн, Хуыцау дыккаг фæлварæн аразы æмæ мын мæ рæдыд кæд ныббарид ацы сывæллоны мады хъомыл куы скæнон, уæд. Мæ уд дæр ын нæ бацауæрддзынæн, мæ рыст уд», - афтæ хъуыдытæгæнгæ æрвыста йе ’хсæвтæ. Сывæллоны чы- сыл уынæрмæ дæр-иу уатæй фæгæпп кодта, йæ хъæццул ын-иу барæстытæ кодта. Йæ улæфт æм афтæ ’хцон касти, афтæ адджын æмæ-иу йæ былтæ сæхигъæдæй андæгъдысты лæппуйы русыл. Лизæ æргомæй ницы æвдыста, иу ныхас дæр дзы никуы сир- вæзт рагæй цы уыд йæ зæрдæйы рæбын, уыцы хъуыдыйы фæ- дыл. Зондджын уыд, царды фæлтæрдзинадæй ифтонг. Æмбæрс- та - уæлдай ныхас хъуыддагыл æвзæрырдæм куы бандава, уæд Дардмæ асайдзæн. Ныр иумæ уыдысты чызг æмæ лæппу, иу цары бын цардысты, хъарм ахастытæ уыд се ’хсæн, æгæр хъармдæр ма. Иу уæлдай, æнæхъола дзырд сæ не схаудаид. Уæлдайдæр Алан - цы балæггад кодтаид чызгæн, æдзух ууыл архайдта. Æмæ- иу чызгæй бузныджы ныхас куы фехъуыста, уæд-иу йæ цæс-
гом хурау бахудт. Мады зæрдæ ради - фидаудзысты, сæхæдæг æрцæудзысты мæ хъуыдымæ æмæ амондджынæй цæрдзысты. Цæмæй зыдта Лизæ цы маст æвдæрзта Дудуйæн йæ зæрдæ, цытæ бавзæрста йе ’взонджы рагбонты, цæй тыххæй райста йæхи дард йæ бинонтæй æмæ йæ цæмæннæуал хаста йæ къах фæстæмæ. Уыйхыгъд æм-иу йæ ’фсымæр кæнæ йæ хо куы ’рцыдысты, уæд- иу йæ цæссыгтæй куыд æхсадта йæхи. Цины цæссыгтæ сæ æн- хъæлдта Лизæ... Цин дæр куыд нæ кодта йæ туг æмæ стæгыл - йæ уарзон мадызæнæгыл, фæлæ уыцы цæхджын цæссыгтимæ зæрдæйы æрфыты æмбæхст маст лæдæрсти. Æниу ын куы зыд- таид Лизæ йæ цæрдтытæ, йе ’взонджы рæстæджы цы рæдыд- тытæ æруагъта, уæддæр ын сæ ныббарстаид, йæ зæрдæ йыл не сивтаид. Уымæн æмæ цы базыдта Дудуйы, уæдæй фæстæмæ æгъдауджын, зондджын, ахуырмæ æвзыгъд чызгæй равдыста йæхи. Йæ хорз миниуджыты тыххæй йæ зæрдæйæ бауарзта æмæ йыл нал суæлæхох уыдаид. Æмæ ныр бонæй-бонмæ æнхъæлмæ каст, кæд баиу кодтаик- кой сæ амонд лæппу æмæ чызг. Уырнгæ йæ кодта, æнæмæнг афтæ кæй рауайдзæн хъуыддаг. Æмæ йæхи афтæ дардта семæ, цæмæй уыдон дæр афтæ иу бинонтау хатыдаиккой сæхи. Хæдзары ал- кæмæн иу бартæ ис, куыд уæ фæнды, афтæ хъуамæ цæрат, зæгъ- гæ. Æмæ æддейæ æрбацæуæг - чифæнды ма уыдаид - иу мисха- лы бæрц дæр нæ фæдызæрдыг уыдаид - хъæрмуд, интеллиген- тон æмкъæйттæ ирон æгъдаумæ гæсгæ кæрæдзиæмбаргæйæ кæй цæрынц. Афтæмæйты уалдзæг дæр фæци. Ралæууыд сæрд æмæ Алан Мæскуыйы кусгæйæ цы æхца æртымбыл кодта, уыдонмæ ам цы бакуыста уыдонæй дæр бафтыдта æмæ рог машинæ балхæдта. Ныр куыстмæ сæхи машинæйыл цыдысты. Уыцы сæрд тынг тæвд бонтæ райдыдта æмæ иу изæр Алан, гом рудзынджы фарс- мæ бадгæйæ, устытæн афтæ: - Цæй, иу-дыууæ къуыри искуыдæм улæфынмæ ацæуæм. Нæ дæ фæнды? Лизæ уайтагъд сразы: - Хорз уаид, мæ лæппу. Сывæллон дæр, уæлдæф раивид, мæ- хæдæг та хъуыды дæр нал кæнын, фæстаг хатт ма денджызы был кæдулæфыдтæн, уый.
- Сымах ацæут, мæнæн нæ рауайдзæн, - нымдгæнгæ загъ- та Дуду. - Куыд дæм кæсы, мæ чызг, сывæллон æнæдæу бафæраздзæн? Цалынмæ дæ лекцитæй æрбаздæхыс, уæдмæ нæ донмæ куы скъæры æмæ нæ æнæдонæй куы здахы, - бахудти йæм Лизæ, - афтæ нæу, Петкæ? Петкæ ницы бамбæрста хистæртæ цæуыл дзырдтой, уымæн, йæ машинæйыл хъазæн арсы сбадын кодта, куы-иу æй аласта, уæд та-иу арсы хъыбыл рахаудта, æмæ та-иу æй фæстæмæ сæ- вæрдта. Раст зæгъгæйæ та, Аланы искуыдæм ацæуын уымæн фæн- дыд, цæмæй Дудуйæн хæдзарæн æдде ахæм фадат ссардтаид æмæ йын йæ зæрдæ райхæлдтаид. Ам та - хæдзары куыддæр æнæгъдау ми каст лæппумæ - ныр махимæ цæрыс æмæ дыл мæ бар цæуы, зæгъгæ, афтæ мын куы рауайа. «Уым та, денджы- зы был, хæдзарæй дард, чи зоны цы хуызæн къухдæттæг фарст фæзына, чи зоны йæхæдæг дæр исты ахæм срæдиа... На, æмæ нæ зонгæйæ, æнæзонгæйæ æмкъæйттæ æнхъæлынц, афтæмæй та не ’хсæн ахæмæй ницы ис. Ибонты йæ институтмæ куы бала- стон æмæ йын машинæйы дуар куы бакодтон - рахиза, зæгъын, уæд нæм йе ’мкъурсон чызджытæ уыцы хинæйдзаг цæстытæй æрбакастысты æмæ нын дызæрдыг салам радтой. Уыдон дæр афтæ нымайынц, æвæццæгæн. Стæй та йæ зæрдыл уыцы цау дæр æрбалæууыд, Мæскуыйæ йæм йæ раздæры æмкусæг куы фæуазæг и. Цæйдæр хъуыдда- джы фæдыл æрцыд æмæ йын йæ раздæры бинонтæй - зæронд кайстæй салæмттæ æмæ чысыл хъæбулы хъæбул Петкæйæн хъа- зæнтæ æмæ адджинæгтæ æрхаста. Фæстæмæ цæугæйæ йæ Алан станцæйы онг куы афæндараст кодта, уæд ын уазæг афтæ: - Бæдæйнаг, Алан, хорз æмкъай ссардтай ацы хатт дæхицæн. Рæсугъд, æгъдауджын æмæ кæд уый дæр бахынцæм æмæ Пет- кæ йæ хъæбысæй дæлæмæ нæ хызти, уæд уарзæгой уды хицау Даер у... Æрбацæуæджы цæст уынаг дæр у - тынг раст æй фæхатыдтæ, мæ хæлар, мæхи Дудуйæн парахат зæрдæ, рæсугъд уд æмæ йæм стыр адæймагдзинад кæй ис. Уый мын мæ ныййарæг мадмæ уал азы куыд зилы, афтæ йын æз мæхæдæг кæд цы сарæзтон. Кусгæ кодтон, уæддæр-иу мын бæрæгбонты алыхатт æхца æрвыста, - дæхицæн дæ зæрдæмæ цы цæуы, уый, дам, балхæн.
Нæй! Хуыздæр амал хъæуы æрымысын. Цæй, фæуа уал ацы ахуыры аз дæр, фæлварæнтæ ратдзæн æмæ ма стæй цæй æфсон скæндзæн?», - ацы хъуыдыйыл æрлæууыд фæстагмæ. Адæймаг æдзух хуыздæрмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ цæры. Афтæ куынæ уаид, уæд ацы фыдæбойнаг дуг цы у, уымæй ноджы зын- дæр кæсдзæн лæгмæ. Цыдæр чысыл æнтыст, чысыл хорз цау дæр цин æрхæссы адæймагæн æмæ цард дæр цин æмæ хъыджы дзæкъул у - кæмæ дзы иу æрхауы фылдæр хатт, кæмæ - иннæ. Алан йæ тæккæ тыхыл уыди, царды фæлтæрддзинад дæр, афтæ уыд æви уфтæ, уæддæр райста æмæ ныр архайдта, цæмæй йæ сомбоны хъуыддæгтæ æрнывыл кодтаид. Бамбæрста йæ - иу- зæрдион æмкъай дын куынæ уа, уæд - бинонтæ, хæдзар не скæн- дзынæ. Цард та хорз, æмбаргæ, æмуд бинонтæй фидауы. Ныр йæ райгуырæн къуыммæ æрыздæхти, аракæс-бакæс кодта æмæ бан- къардта, ам ын алцы куыд зæрдæмæ æввахс у. Цыдæр тых æмæ ныфсдæттæг алцы æмæ алчидæр. Æмæ йæхиуыл фæдис кодта - куыд цардтæн ардыгæй дард, мæ ныййарæг мады ныууагътон æмæ мидæгмоймæ бацыдтæн. Цытæ бахастон мæ сæрмæ? Цæй ирон лæг ис мæнæй? Фæци! Ног цард райдайдзыстæм нæхи æгъдаумæ гæсгæ!». * * * Адæймаг йæхицæн куыд хуыздæр уыдзæн, ууыл хъуыды кæны, фæлæ рæстæг æгъатыр у - æнхъæл кæм нæ дæ, уым дын самайдзæн ныхдур, дæ рæсугъд бæллицтæн дын рæсугъд хыз сбийдзæн æмæ сæ ацахсдзæн... Иры æмæ Гуырдзыйы ’хсæн гъеуал азы цы хæст цыд, уый цыма фæсабыр. 1992 азы 14 июлы Уæрæсейы фидауынгæнæг тыхтæ куы æрбацыдысты Цхинвалмæ æмæ ирон адæмы куы фер- вæзын кодта уыцы тугуарæн бонтæй, уæд æртæ фарс Уæрæсейы хъæппæрисæй бадзырдтой, цæмæй Ир æмæ Гуырдзыстоны ’хсæн арæнтыл æмхæццæ - гуырдзиаг-ирон-уырыссаг æфсæддон ба- тальонтæ хъуамæ слæууыдаиккой æмæ сабырад бахъахъ- хъæдтаиккой, цалынмæ конфликт кæй хуыдтой, уыцы хæстæн бадзырдты формæйы хуыздæр фæрæз ссардтаиккой, уæдмæ.
Хæстæй цыфæнды æвзæр фидыдад хуыздæр кæй у, ууыл дзырд дæр нæй æмæ сулæфыдысты адæм. Лигъдæттæ сæ хæдзæрт- тæм раздæхтысты, сæ цард ногæй саразыныл архайдтой. Рæс- тæгæй-рæстæгмæ уæддæр уыд инциденттæ - куы-иу фæхæст сты ироныл арæнæн фале, уæд-иу æй рацахстой æмæ-иу кæнæ йæ кой дæр æрбайсæфт кæнæ та-иу æй ахæстоны амидæг кодтой. Куыдфæстагмæ, адæм уæддæр баввахс сты кæрæдзимæ, арæныл ахизыны бар радтой æмæ афæдзгай кæрæдзийæ иппæрд хæс- тæг-хион кæрæдзи федтой. Стыр дудгæбоны фæстæ дæр адæй- маг йæ маст куы суадзы, уæд æрсабыр вæййы. Хæствæллад адæм дæр афтæ - тугкалд мауал уæд æмæ исчердæм фидаудзыстæм, зæгъгæ. Бафидауыны фæдыл дæр цыма архайдтой, фæлæ кæд сæ фылдæр гуырдзыйы æрдыгæй фæстæмæ иумæ хæларæй цæры- ны фæнд кодта, иннæ хай уæддæр йæ æнæуынондзинад не ’мбæхста. Сæхæдæг цытæ фæкодтой ирон адæмæн, уый фыдра- кæндыл нæ нымадтой, фæлæ хæст куы самадтой Ирыстоны зæх- хыл æмæ сæ уым чи фæмард, уыдоны туг райсын нымадтой сæ хæсыл\ Цыма ирон туг цъус ныккалдтой. Сæ рæдыдыл фæсмон нæ кодтой, фæлæ сæ ногæй схæцын фæндыд. Ахæм хъуыды уыд Гуырдзыстоны хицауады сæргъ цы цыбырзонд президент лæу- уыд, уыцы Саакашвилимæ. Адæймаг - хицауады фыццаг бынат ахсæг, алцæуыл дзуап- дæттæгыл нымад гоймаг абон фидыдады дзырд куы радта йæхицæй тыхджындæр, зондджындæр æмæ дардыл бæстæйы сæргълæууæгæн, изæры та - кæркуасæнты æхсаргард æмæ нæ- мыгæй, танктæ æмæ куыйтимæ, йæхицæй хъæхъхъагдæр куый- тимæ фынæй адæммæ куы балæбура, уæд ахæмы цы хъуамæ ра- хонай?.. Ирон æвзаджы цыдæриддæр æппæрццаг дзырдтæ зыд- тон, фехъуыстон - уыдон мæхинымæры иууылдæр ранымадтон йæ номимæ, фæлæ... не сфаг сты. Цы æхсæв хъавыдысты æрбабырсынмæ, уыцы æхсæв арæн- тыл цы æмхæццæ батальонтæ лæууыд, уыдонæй гуырдзиаг батальон сусæгæй ахъуызыд. Æмæ нæма æрбабон, афтæ иуæм- рæстæджы Никозы арæнæй дæр, Гурæй æрбахизæнтæй æмæ Тамаресы арæнæй дæр нызгъæлстой нæмыг, гранаттæ æмæ Хуыцау йæ зонæг, цахæм хæстон хæцæнгарзæй спайда кодтой. (Хæсты фæстæ нæмыгæй чи аирвæзти, уыдонæй бирæтыл ахæм низ фæзынди, пайда кæнын цæмæй нæй, ахæм хæстон æрмæгæй
кæй архайдтой, уый фæстиуæгæн. Уый дохтыртæ рынчынты низыхаттæй сбæлвырд кодтой фæстæдæр). Туджы зæйтæ цыд горæты уынгты, сыгъдысты хæдзæрттæ - наркотиктæй расыг салдæттæ фæрссæгтæй мидæмæ æхстой рæмудзæн гранаттæ, адæмæн æддæмæ ракæсæн дæр нæ уыд, афтæ сæ æнæауæрдо- нæй цагътой хæдзæртты. Горæты хæстон къордтæ удуæлдай тох кодтой сæ ныхмæ, фæлæ иуæн дыууæ æфсад у - утæппæт танкты æмæ знæт æф- садимæ тох æнцон нæ уыд. Гадзрахатæй разылд Гуырдзыстоны президент Уæрæсейы хицæуттыл, йæ дзырд сæххæст кæныны бæсты сайд фæндаг рав- зæрста, сусæгæй æрбахъуызыд æмæ уырыссаг батальон спырх кодта - сабырад хъахъхъæнджыты ныццагътой. Быхсæн нал уыд ахæм сырдон хъуыддагæн. Гуырдзыстоны хицæуттæн сæ хъуыды уыд «сыгъдæг быдыр» сарæзтаиккой Ирыстоны сæй- раг горæт Цхинвалæй, фæлæ сæ хъуыды сæ хъуыры фæбадт - фæзынд уырыссаг æфсад æмæ дыууæ сахатмæ горæты уынгты сæ мæрдтæ ныууагътой, сæ удæгæстæ лид ьшмæ фесты. Арæнæй дæр сæ ахизын кодтой æмæ ма сæ сæ хæдзæрттыл дæр сæмбæ- лын кодтой - кæй мардæй, кæй удæгасæй... Ахæм президентыл худын бæргæ хъæуы, фæлæ уыйæппæт тугкалды фæстæ кæмæ цæуы худын... Йæ æнæсæрæй йæ адæмы дæр фæцæгъдын кодта æмæ ницыгæнæг ирон адæмы равзæргæ хъæбулты дæр. Йæ ном цæрæнбонты æлгъыстагæн баззади Гит- лерау. 2008 азы августы уыцы фондз уæззау, цæссыгджын бон цас туг ныккалд Иры зæххыл, цас адæм фæцагъд æнæхъуаджы, цы сырдон митæ фæкодтой, уыцы цаутæ Ирыстоны историйыл но- джы иу туджы æвдылд сыф бафтыдтой. * * * Хæсты райдайæнæй къуыри раздæр Батикæн ахæм рыстытæ райдыдта йæ гуыбыны æмæ æнæхъæн æхсæв йæ хъæрзынæй нæ банцад. Мадинæ цы бакодтаид, уымæн ницыуал зыдта æмæ уый дæр афтæ бадгæ æмæ цæссыгкалгæ сбон кодта. Райсомы Бад- зи Темболæн фехъусын кодта Батикы хабар. Сæ уæлхъус бæргæ
фестад Тембол, æнæдохтырæй сæхæдæг цы сарæзтаиккой, кæн- гæ та йæ Знауыры рынчындоны йеддæмæ уыцы змæст рæс- тæджы кæдæм фæкодтаиккой. Сыхæгты лæппуйæн балæгъстæ кодтой æмæ йæ Знауырмæ æрбаластой рынчындонмæ. Дохтыр æй куыддæр басгæрста, афтæ йæ бамбæрста - куырм тъанг цыдæр кæны. - Æнæмæнг æй операци хъæуы, куырм тъанг у, - æмæ фæрс- гæ дæр нал бакодта хицæутты, медицинон хотæн бахæс кодта, - тагъддæр æй срæвдз кæнут æмæ - операцион палатæмæ! Чысыл-ма бахъæуа, Мадинæ йæхæдæг дæр бавзæр уа. «Фе- сæфтæн!», - йæ зæрдæ йæм сдзырдта: - «кæд аскъуыди, уæд сæ- фын...». Тембол дæр старсти, фæлæ Мадинæйы хуызы мур куы- нал уыд, уæд ын ныфсытæ авæрдта: - Ма тæрс, Мади, ма тæрс! Ацы дохтырæй тынг æппæлынц, фæлтæрд лæг у. Нæ йæм кæсыс, йæ сæр митау куы сурс. Ахæм операцитæ иу æмæ дыууæ нæ сарæзтаид, ноджы зындæртæ дæр. Куырм тъанг ницыахæм низыл нымадæуы, - дзырдта йын дæрдтыл, афтæмæй та йæхицæн фырадæргæйæ йæ роцъо зыр- зыр кодта. Адæймаг истæмæ куы æнхъæлмæ кæсы, уæд рæстæг цыма æрлæууы, размæ нал фæцæуы. Уæлдайдæр мадæн йæ иунæг сы- вæллон карды бын куы уа æмæ йæм зæрдæрисгæ куы æнхъæлмæ кæсы - куыд уыдзæн, цы уыдзæн. Дыууæрдæм рафт-бафт кодта Мадинæ æмæ кæд æмæ кæд рахызт дохтыр, дуæрттæ байгом кодтой æмæ Батикы палатæмæ раластой медицинон хотæ. Фы- нæй кодта нырма лæппу наркозæй. - Хорз уыди, æмæ йæ рæстæгыл æрбакодтой. Ныр ын ницыуал тас у, - загъта сын дохтыр, - æрмæст йæ цуры лæууын хъæудзæн иу-дыууæ боны, - æмæ бакасти Мадинæмæ. - Бузныг, стыр бузныг, - йæ кæуын тыхæй урæдта Мадинæ, - эез уын мæхæдæг хъуамæ балæгъстæ кодтаин бауадзут мæ, зæ- гъын, йæ цуры. Мадинæйы æмæ Батикы иу палатæмæ бакодтой, Темболитæ фаестæмæ раздæхтысты. Дыккаг бон Ануси æмæ Бадзи æрбацыдысты æд хуын. Батик йæхи дзæбæх хатыд æмæ йыл Ануси бацинтæ кодта: - Бæдæй- наг лæппу разындтæ, ды, кæсыс? Тагъд адзæбæх уыдзынæ, дæ низтæ. Ды та, Мади, мацæуыл тыхс, алцæмæ мах бакæсдзыстæм, хэедзармæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд.
Фæлæ Бадзи, Батикы фæлурс цæсгоммæ кæсгæйæ, дзурын дæр нал сарæхст, касти æмæ йæм йæ мидбыл фæхуд-фæхуд код- та. Æрмæст сæм медицинон хо куы æрбацыд æмæ сын куы загъ- та, фаг у, æндæр мауал хъыгдарут рынчыны, зæгъгæ, уæд ма ныл- лæг хъæлæсæй бакодта: Бати, сом дæр æрбацæудзынæн, ма тæрс... Æмæ æцæгæй алыбон цыдысты куы - Тембол, куы - лæппутæ. Фæлæ йæ а ныр сом хъуамæ рафыссой, афтæ уыцы бон ничи- уал фæзынд уынæг. Мадинæйæн цыдæр æвзæр хабармæ æн- хъæлмæкæсæгау йæ зæрдæ тыхсти. Дысоны хæццæ-мæццæ фын- тæй рæстмæ ницы бахъуыды кодта, афтæмæй йæ уæгъд нæ уагътой цыдæр нывтæ, уынæр. Цыма Сосланы хъæр хъуысти кæцæйдæр, кæмæдæр æххуысмæ дзырдта. Хъуыста мыртæ, стæй сонт хъæртæ... Æрбабон, афтæ цыма йæ исчи фесхуыста, тарс- тæй фестади. Фыццаг Батикы уатырдæм акаст. Лæппу фынæй кодта, йæ цæсгом фæлурс уыд, фæлæ сабыр. Æндæрæбон ын йæ хуыдтытæ систой, байгас лыг, йæ къахыл куы ацыд, уæд ма йæ хъæдгом цъус хъыгдардта, фæлæ не схъæр кодта - ницыуал, дам, мæ риссы. Дохтыр сын куы загъта, сом уæ афысдзынæн, зæгъгæ, уæд сцин кодта лæппу. Мадинæ йæ уат систа, дзаумæттæ хызыны бафснайдта. Арæхстгай архайдта, лæппуйы ма райхъал каена, фæлæ Батик райхъал æмæ фыццаг йæ дзыхæй цы схауд, уый: - Гыцци, уæдæ абон хæдзармæ цæуæм, нæ? - Ацæудзыстæм, мæ зæрдæ, ацæудзыстæм. Мæнæ нæ дзаумæт- тæ ныфснайдтон, нæхи рацæттæ кæндзыстæм æмæ уæдмæ Тембол дæр зындзæн æмæ нæ иу сахат дæр нæ бахъæудзæн, аф- тæ та дæ къæбылаимæ хъаздзынæ, - фæндыдис æй йæ хъæлæ- сы уаг хъæлдзæгдæр уыдаид, сывæллонæн йæ циныл цин баф- тыдтаид, фæлæ йын нæ уади æмæ тых мидбылхудгæ бацыд йæ цурмæ. Уатыл æрбадт, йæ сæр ын алæгъзытæ кодта æмæ йын аба кодта. Хур дзæвгар ссыд æмæ рудзынгæй æрбакаст. Рудзынджы цур цы уат уыд, ууыл иу зæронд сылгоймаг хуыссыд æмæ йæ знон йæ лæппу акодта. Знауырмæ æввахс хъæуæй уыд, Тигъуайаг. Йæ ту- джы æлхъывдад æй тыхсын кодта, æндæр ницы ахæмæй æмæ-иу Мадинæимæ сæхи ирхæфстой.
- Нино-Æна нæ разæй куыд фæци! - хъæлдзæгæй загъта Ба- тик, Мадинæ рудзынг куы æрбакодта, уæд, - сыгъдæг уæлдæф, дам, æрбауадзон. Парахатæй æрбафæйлыдта хъарм уæлдæф хатæнмæ æмæ уы- цы уысм цыма арв ныннæрыд, ахæм гуыпп фæцыд. Мадинæ ис- дуг йæ бынаты сагъдæй аззад, стæй æвиппайды фæстæмæ ах- гæдта рудзынг æмæ Батикмæ бауад. Гуыппы хæдфæстæ авто- маты къæр-къæр дæр ссыд æмæ бæстыл цыма арв гуыргуыр- гæнгæ, къæрцкъæрцгæнгæ, æрдæлгом... Хур та уæлæмæ-уæ- лæмæ иста йæхи æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ йæ цæсгомыл урс мигъы пæлæз æрæмбæзта... Кæй зæрдæмæ цæуы æбуалгъ æмæ гадзрахаты ми?.. Æрбабырстой та гуырдзыйы гæрзифтонг æфсæдтæ балбирæ- гътау æвирхъау. Знон дæр ма адæм быдырты, цæхæрадæтты зæрдиагæй куыстой, ныфсимæ архайдтой - кæд иуæрдæм æр- хауид хъуыддаг, зымæгмæ нæхи бацæттæ кæнæм, зæгъгæ. Кæд бадзуриккой æмæ амæй уæлдай тугкæлдтытæ нал уаид не ’хсæн. Уый ма зонай, уыдон та сæхи фыддæрмæ цæттæ кодтой æмæ сыгъдæг æнæврæгътæ арв æнæнхъæлæджы куыд ныннæ- ры, афтæ æнæнхъæлæджы æрбабырстой. Адæмæн сæ хорз бæл- лицтыл æхсæвыцъæхæй арт уагътой. Æрбафсад кодтой уæла- хизы хъæртимæ, цыма марынмæ, адæмы цæгъдынмæ нæ, фæлæ раздæрау цæлы фынгмæ цыдысты. Арæнгæрон хъæуты цы чысыл хъахъхъæнæг къордтæ уыд, уыдонæн дæр афтæ æнæнхъæлæджы уыди се æрбабырст, æмæ фыццаг уысмты сæ цæстытыл не ’ууæндыдысты - ай сæ гъеуал мæй куыницы ахæмæй хъуыст, уæд сæ цы сæрра кодта, боны- цъæхтыл, зæгъгæ, фæлæ сæм стæй аздæхтой сæ тых, сæ бонæй, сæ къухы цы уыд, уымæй бæргæ хорз архайдтой, фæлæ иуы ныхмæ ссæдзæй куы тох кæной, уæд сыл чердæм фæтых уыдаик- кой. Лидзын та сæ сæрмæ нæ бахастой - кæд хъæуы адæм сæхи айсиккой, чысыл фæуромæм знаджы, - афтæ хъуыды кодтой, лæгæй-лæгмæ сæ разы лæууыдысты æмæ сæ иу дæр удæгасæй нал аирвæзти, Герас дæр семæ - фæстаг нæмыгæй ма знæгтæй иуы йæ разæй фæкодта æмæ... Аскъуыд йæ æвзонг уд... Афтæ æхсгæ æрбабырстой хъæумæ. Адæм æхсты хъæртæ куыддæр фехъуыстой, афтæ лидзынмæ фесты хъæдтæм, цъа- латæм. Тембол æмæ Бадзи Сослантæм фынæй кодтой - Мади-
нæ æмæ Батикы рынчындонмæ куы аластой, уæд хæдзар æнæ- хицауæй куыд ныууагътаиккой. Уыдонмæ дæр гуыппытæ, æх- стытæ куыддæр æрбайхъуыст, афтæ фæгæппытæ кодтой æмæ дуармæ разгъордтой. Нырма зынгæ нæ кодтой, фæлæ машинæ- ты гуыр-гуыр æмæ автоматты къæр-къæр æввахсæй-æввахс- дæр кодта. Бадзи суыдта цалдæр сылгоймаг æмæ сывæллон аргъуа- нырдæм фæцæйлыгъдысты. - Баба, мах дæр аргъуанмæ балидзæм! - тыхстæй загъта лæп- пу æмæ цалынмæ Тембол исты сдзырдтаид, уæдмæ лидзынмæ фæци. Фæлæ бæрцæй æртæ къахдзæф акодта æддæмæ, афтæ кæцæйдæр нæмыг фехситт кодта æмæ дзы иу хъæр дæр нæ сир- вæзт - дæлгоммæ æрхаудта зæххыл. Балыгъди йæм Тембол, йæ дыууæ къухæй йæ фелвæста. Лæппуйы тугæй амæхст сæр фыды цонгыл æрзæбул. Хъæлæсæй туг сæххæтт кодта... Мард хъæбул йæ цæнгтыл дыдæгътæй, афтæмæй лæууыд Тембол, йæ цæссыг тугæй хуылыдз лæппуйы риуыл згъæлыд. Афтæмæй йæм æрбахæццæ сты автоматджынтæ... Нал фехстой... Йæ фæрсты ахызтысты æмæ хъæуы астæумæ фæраст сты иннæты фæстæ. Уæгъды æнхъæлмæ кастысты Мадинæ æмæ Батик Тембол- мæ. Цæмæй зыдтой уым, сæхимæ цытæ цыд. Рынчындонмæ æхстытæ æввахс, тынг æввахсæй хъуыстысты. Стæй ахæм гуыпп фæцыд, цыма зæхх атыдта æмæ палатæйы рудзгуыты æвгтæ ’рызгъæлдысты. Мадинæ тарст лæппуйы æр- бахъæбыс кодта æмæ афтæ бадтысты уатыл. Стæй цыма дуар æрбатыдтой, афтæ къулыл фæцыд йæ тъæпп æмæ дыууæ авто- матджын салдат æхсгæ æрбахызтысты. Мадинæ гуырдзиагау фæхъæр кодта: - Ар момикълат швили, ар момикълат, ткуе угъмертебо! (мæ хъæбулы мын ма амарут, æнæхуыцæуттæ!) Чи æхста, уымæн иннæ йæ автомат йæ къухæй атъæпп кодта: - Гачерди! (Фæлæуу!) - фæхъæр ыл кодта, фæлæ байрæджы - иу нæмыг сывæллоны зæрдæйы ахызт, иннæ Мадинæйы ныхыл сæмбæлд. Батикæн йæ туг мады хъæбысмæ тагъди. Хъыпп-сыпп дæр нал схауди йæ дзыхæй, афтæ атахти йæ чысыл уд. Чи сæ фехста, уыцы салдат иннæ палатæмæ ахызт, ома исчи ма «Ф^о^й^ 466 ~х^3^©>
дзы ис æви нæ. Иннæ та - гуырдзиаг ныхас фехъусгæйæ, йе ’мба- лы автомат чи атъæпп кодта, уый сæ амæттæгтæм бакъахдзæф кодта, ныккаст мады риуыл йæ уд чи сæппæрста, уыцы лæппу- йы цæсгоммæ, стæй йæ цæстытæ сæхигъæдæй схылдысты тугæй амæхст сылгоймаджы цæсгоммæ æмæ йæ зæрдæ куыд- дæр æрбауынгæг. Иу хатт ма ныккаст лæппуйы гом цæстытæм, цæрдхуыст гомæй баззайгæ цæстытæм зæрдæ цыдæр фæхатыд, фæлæ цы? Æмæ ма тыхæйты фæстæмæ къахдзæфтæгæнгæ, ра- хызт дуарæй. Æддейæ æхстой, афтæ, æнæхъуаджы æхстой; уынгты змæлæг нал зынд, фæлыгъдысты æви искуы нымбæхстысты, хæйрæг йæ зонæг. Салдæттæй иутæ афтид хæдзæрттыл зылдысты, къуым- тæ пырх кодтой, цы ардтой, уый хастой æмæ сæ машинæты гуыф- фæты æфснайдтой. Уыцы салдат уæззаугай æрхызт рынчындоны асинтыл, расы- гау, хъеллæуттæгæнгæ, цыд æмæ мард усы хъæбысы тугомгæ- йæ бадгæ лæппуйы гом цæстытæ йæ разæй цыдысты, цыдысты мæнæ цыма дыууæ сау фæрдыджы йæ разæй фæтулынц... «Цæмæн? Цæмæн? - нал хызт йæ сæрæй ацы хъуыды. Кæй фарста? Цæмæй йæ фарста? Цы не ’мбæрста?.. Салдæттæ хъæлæба кодтой, кæрæдзимæ хъæрæй, цыдæр бар- джынæй дзырдтой, цавæрдæр дзаумæттæ машинæты æфснайд- той. Уый та къулмæ æввахс балæууыд, цыма йын уазал уыд æмæ йæхи хуры хъæрммæ тавта. - Абаишвило! Рас дахъудебулхар виривита! Моди, амицъие! - (Абаишвили! Цы хæрæгау лæууыс! Рацу-ма, схæц мын!) - æр- бахъæр æм кодта йе ’мбæлттæй иу дæргъындзæг салдат, цыдæр асыкк йæ разы. Хъæр хъусгæ фæкодта, фæлæ йын ницы бамбæрста, нæ йæм фæхæццæ мидис, йæ хъустыл æндæр хъæлæс азæлыд: «Ар мо- микълат швили, ар момикълат, ткве угъмертоебо!».. Æмæ мард лæппуйы цæсгом йæ разы, цыдæр дзы куырдта - æрхæц мын мæ уæлтъыфылтыл æви мын мæ хуыз бахъуыды кæн... - Тамаз! Дахърувди, бичъо! Моди, момешвеле, метки, ар гехъу- реба? (Тамаз, бакъуырма дæ, лæппу Рауай, баххуыс мын кæн, нæ хъусыс?) - фæхъæр та йæм кодта ноджы уыцы лæппу. Зивæггæнгæ айста размæ йæ къæхтæ, бахæццæ йæ цурмæ æмæ та йын куы сфæлхатт кодта: - Амицъи, гъа! (Схæцыл, гъа!)
уæд æргуыбыр кодта, æмырæй йын баххуыс кодта, сæвæрдтой асыкк машинæйыл æмæ та уыцы лæппу хæдзарæрдæм фæци, цыдæр ма йын дзы рахæссинаг уыд, æвæццæгæн, æмæ амæн загъта: - Цъамо, шенца, вера хедам схуебса! - (Цом ды дæр, нæ кæсыс иннæтæм!}. Уый йæ сæр æнæразыйы тылд бакодта æмæ рынчындоны фæстæты уæлæмæ ацыд. Стæй æрлæууыд, фæстæ- мæ ракаст хъæумæ. Цæрджытæй ничи зынд, ничи, нæдæр уынг- ты, нæдæр кæртыты, цыма сæ дымгæ кæдæмдæр фæхаста. Æр- мæст гуырдзиаг салдæттæ иу хæдзарæй иннæмæ, хорхоргæнгæ, рацу-бацу кодтой, цыдæртæ хастой æмæ сæ машинæты æфс- найдтой. Афтæ æгъуыз, афтæ æнæмидис фæкаст лæппумæ алцы - æгæ- рыстæмæй хур дæр - куыд уазалзæрдæ каст кодта ам йæ быны цы æлгъаг митæ цыд, уыдонмæ... Мæлдзыг йæхицæй минхатты уæззау цыдæртимæ куы фæцæйхилы зæххыл, афтæ йæм фæкас- тысты... Æмæ йæхи айста, йæ цæст сæм кæсын нал бауарзта. Цыд зæхмæ кæсгæйæ æмæ фæндагæн йæ иу фарс цы къу- тæрджын уыд, уырдæм ахызт. Куыд дарддæр цыд, афтæ хæрд райдыдта, бæлæстæ фæфылдæр сты, къутæртæ дæр кæрæдзи- мæ æввæхсты-æввæхсты батымбыл сты æмæ сæ иувæрсты цæ- уын хъуыд. Кæдæм цыд, ууыл нæ хъуыды кодта, мидæгæй йæ зæрдæ афтæ ныттыппыр, цыма аскъуыйынмæ хъавыд. Фæндыди йæ куы ныхъхъæр кæнид йæ тых, йæ бонæй. Арфдæр бацыд хъæдмæ, къутæрты бын дæлгоммæ ’рхуыссыд æмæ ныббогъ- богъ кодта. Къутæрты сыфтæ барызтысты... Кæцæйдæр цыдæр маргъ стахти, йæ базырты тъæпп-тъæпмæ уæлдæф базмæлыд. Иуцасдæры фæстæ суагъта лæппуйы мидæгæй йæ цы хурх кодта, уыцы æрхæндæг. Уæддæр ма иудзæвгар афтæ дæлгоммæ, йæ сæр йæ цæнгтыл, афтæ, фæхуыссыд. Стæй сыстади, йæ авто- мат йæ уæхскыл бараст кодта æмæ цъусгай уæлæмæ араст. Хатт- иу æрлæууыд, аракæс-бакæс-иу кодта. Бæлæсты æхсæнты кæм- дæрты хур æрхъуызыд æмæ дæ уыцы рæттæй лыстæг дидин- тæ сæ æрвгъуыз цæстытæй сæхиуыл ардыдтой - кæс, куыд рæсугъд дарæм дуне. Цыд лæппу уæлæмæ, уæлæмæ æмæ нæ хъуыды кодта ууыл, кæдæм цæуын. Иу ран фæтæнæгдæр сты бæлæстæ æмæ се
’хсæнæй куы акасти, уæд хъæу разынд - хæдзæртты цинкъæй- дзаг æмбæрзæнтæ хурмæ æрттывтой. Цалдæр къахдзæф ма акодта æмæ æфсæйнаг æмбонд, йæ мидæгæй цырт, марды цырт. Дарддæр афæлгæсыд йæ алыварс æмæ ноджы цалдæр цырт суыдта. «Ай уæлмæрд куы у, куыд рæсугъд бынат равзæрстой сæ мæрдтæн, дзæнæттаг бынат... Цыртмæ æввахс бацыд, зæронд уыди дур, йæ фыстытæ хорз нал зындысты, фæлæ ныв æрттывта. Рæсугъд лæг уыд, æвæццæгæн, хæстон, кæнæ милицийы кусæг - къителыл, пъагæттæ. Ныккасти фыстмæ: «Сиукаев Ш... стæй нал зынд. Æмбонды дуары цур, бахизæны дурæй асин. Æрбадти фыццаг асиныл æмæ æвиппайды сылгоймаджы хъыллист ай- хъуыст тар хъæды. Сылгоймаг, зыбыты бæгънæг сылгоймаг, фæлидзы хъæргæнгæ: «Бирæгътæ! Бирæгътæ...»! Акаст кæцыр- дыгæй лыгъд сылгоймаг, уыцырдæм æмæ суыдта: дыууæйæ йæ расурынц, дыууæ салдаты... йæ автомат йæ уæхскæй рай- ста, милмæ сæ систа æмæ фæцыд гæрах. Иу, разæй чи уыд, уый æрхаудта, иннæ йæ куы æрбаййæфта, уæд æрлæууыд æмæ та уый дæр фехста. Æрхаудта уый дæр... Лæппу лæууыд æдзынæгæй, цы сарæзта, ууыл гъеныр ахъуы- ды кодта æрмæст. «Амардтон, кæйдæрты амардтон!» - æмæ фæс- тæмæ йæ бынаты æрбадти, йæ автомат йæ дыууæ къухæй йæ риумæ нылхъывта. Æмæ нал хъуыст сылгоймаджы хъыллист, уынæр дæр никæцæйуал хъуыст. Æрмæст зæрдæйы гуыпп-гуыпп хъуыста, йæ зæрдæйы тарст гуыпп-гуыпп. Иудзæвгары фæстæ цыма хус къæцæлты къæрцц-къæрцц ссыд. Йæ хъустæ фæхъил кодта, акаст. Кæй фехста, уыдонæй иу цыма хъуызгæ-хъуызгæ æрбацæуы, йе ’рдæм æрбацæуы. Афтæ бадгæйæ йæ систа милмæ, куыддæр æрбаввахс, афтæ та - æхст... Æмæ ма цыдæр схъæрзыдта, фæлæ йæ тъæпп зæххыл фæцыд... Сыстад лæппу, мидæгау бацыд, тардæр бынатмæ æмæ иу бæ- ласы бын æрбадти. Йæхи афтæ æвзæр æмæ фæлладæй хатыд, цыма æнæхъæн бон уæззæуттæ фæхаста, змæлын дæр æм нæ Цыд. Стæй йæ иу фарсыл æрхуыссыд æмæ абоны цаутæ йæ цæс- тæй нал хицæн кодтой. Баталынг æмæ ма кæдæм ацыдаид. Кæд мæ исты хæра, уæд мæ бахæрæд, никуыдæм ацæуын у мæ бон», - ахъуыды кодта æмæ фæллад йæхион акодта - бафынæй. Уазал аей райхъал кодта. Бон дзир-дзур кодта æмæ уазалæй зьф-зыр систа, тыхамæлттæй сыстад æмæ арацу-бацу кодта, йæ
уæнгтæ айвæзта, чысыл йе ’муд æрцыд. Хъæды дæр фæрухсдæр. «Ацæуын хъæуы, фæстæмæ ацæуын хъæуы», - æмæ уырдыгмæ арæхстгай къахдзæфтæй раздæхт. Куы баиу йæ къордимæ, уæд сæ иумæ лидзыны сæр бахъуыд. Лыгъдысты сæ фæд-фæд. - Уырысы æфсæддон баиугæнд сыл нæмыгзгъалгæ рацыд, сæ танктæ сын спырх кодтой æмæ сын сæ фæздæг суагътой. Бирæ дзы фæмард, знон чи цагъта ирæтты, уыдонæй бирæтæ арæнмæ бахæццæ сты, фæлæ сыл кæронмæ алæгæрстой æмæ сæхæдæг цытæ бакодтой, ахæм ми сыл æр- цыд - скуынæг сæ кодтой уырыссаг æфсæддонтæ. Уыцы лæппу дæр, Тамаз кæй хуыдтой, уый дæр, нал разынд удæгæсты ’хсæн... Ирыстоны зæххыл цы æнæвгъау туг ныккалд, уый ацы хатт уæгъды нæ фæци. Йæ хуыздæр хъæбултæ сæ цард æрхастой сæ фыдæлты зæхх бахъахъхъæныны фæдыл. Хъæбатырæй фæмар- дысты, фæлæ сæ фæстæ чи баззади, уыдонæн сæрибар æмæ хæдбар паддзахады бындур равзæрстой - ацы хæсты фæстæ Уæ- рæсе хæдбардзинады гарант сси Ирыстонæн. Цард та фæстæмæ æндидзы хæсты пырхæнтыл... Æндидзы* цард йæ хъулон-мулон хуызтимæ, адæмы рæсугъд бæллицтимæ, фидæн хуыздæрмæ тырнындзинадимæ. Чи дзы йæ сыгъд æмæ пырх уæзгуытыл хыбыр-хыбыр кæны, фæстæмæ фыдæбон кæ- ны йæ бинонтæн бацæуæндон сараза. Чи та хæсты фæрцы йæ би- нонты, йæ цоты æмæ уыдон цоты фаг дæр ссардта æмæ афтæ... Бирæ-бирæ хъыгтимæ æмæ чысыл мур цинтимæ йæ цыды хай кæны цард - уæддæр адджын æмæ ницæуыл баивинаг цард. 2016 аз
Рæстæг, дугъон бæхау, размæ тындзы, тындзы æмæ нын йе- мæ скъæфы нæ царды бонтæ. Адæймаг дæр архайы, размæ тыр- ны, тох кæны рæстæгимæ. Фæлæ уымæн - рæстæгæн, бауромæн нæй, нæ йыл фæтых уыдзынæ. Кæд ыл дæ фæд ныууадзын дæ бон бауа, уæд дæ ном йемæ æмдзу кæндзæн... Æмæ уый адæймагæн у амонд, стыр амонд! Ахæм амонд йæхицæн удуæлдай куыстæй бахсыста зынгæ ирон поэт æмæ прозаик Дзугаты Хасæхъойы фырт Георги - мæ хистæр хæлар Дзугер. Ацы аз йæ райгуырдыл 91 аз сæххæст, йæ амæлæтыл - 17. Æмæ æз мæхимид хъуыды кæнын - йæ фыд Хасæхъо æнус бах- хæст кодта, Георги та æрмæст æвдай цыппар азы рацарди. Æв- дай цыппар азы нæдæр цъус сты, фæлæ уадиссаг бирæ дæр не сты. Ацы рухс дунейæ лæг цыфæнды карджынæй ацæуа, уæддæр ын аразинаг æмæ аудинаг мацы баззайа, уый гæнæн нæй; уæл- дайдæр та сфæлдыстадон курдиат кæмæн фæхай кодта Хуыцау. Дзугаты Георгийы хуызæн курдиатджын, куырыхон зонды хицау поэтæн нырма бирæ бантыстаид ирон литературæйы хæз- натæ фæфылдæр кæныны хъуыддаджы. Георги зондджын, арф хъуыдыгæнаг поэт уыд: уымæ мæнæ, уæлæнгай, тутт, зæрдæмæ чи нæ бахъара, ахæм æмдзæвгæ не ссардзынæ. Иæ алы рæнхъы арф хъуыды æмæ поэтон уды æн- къарæнæй æлвасы йæхимæ чиныгкæсæджы. Уымæ гæсгæ, дзырд дæр ыл нæй, бирæ хорз уацмыстæ базза- дысты Георгийæн æнæфыстæй. Бынтæ дзæвгар ныууагъта, нæ фæлтæрæн царды фæндаггагæн чи бабæзза, ахæмтæ, фæлæ ма йæ абонмæ куы бауагътаид мæлæт, уæд нын ноджы хуыздæр рарттивын кодтаид нæ ирон литературæ. Георгийы алы ног чиныджы фæзындыл цины æмæ уды æх- цондзинадæй æмбæлд ирон дзыллæ. Афтæ никуы уыд æмæ йæ чиныг фæсвæд баззад - литературон критикæ йын алыхатт дæр æмбæлон аргъ кодта. Хорз æй хъуыды кæнын, 60 азы йыл куы
сæххæст, уæд йæ юбилейон бонты уац ныммыхуыр кодтон га- зеты æмæ дзы ахæм абзац ис: «Æртын азæй фылдæр у, Ирысто- ны рæсугъд хæхты æмæ кæмтты зæлы поэт Дзугаты Георгийы лиризмæй йемыдзаг адджын хъæлæс. Ацы зæлтыл хъус афтæ сахуыр, афтæ бангом ирон адæймаджы зæрдæимæ, æмæ, куыд фæзæгъынц: «Дыргъ адæн хæрынц, кæй у, уый фæрсгæ дæр нал кæнынц. Алкæмæн дæр уарзон зарæг «Ой, чызгай» зарынц Хус- сар Ирыстоны зард æмæ кафты ансамбль. Советон Цæдисы къуым нал баззад, кæдæмты йæ нæ фæхастой æмæ дзы цахæм æвзагыл дзурæг адæм нæ райстой æхцондзинад, фæлæ йæ, æвæццæгæн, бирæтæ нæ зонынц, зарæг адæмон нæ, Дзугаты Ге- оргийы æмдзæвгæйыл фыст кæй у». Æмæ, æцæгæйдæр, Георгийы лирикон æмдзæвгæтæ ахæм фæлмæн, зæрдæмæхъаргæ, хуымæтæг, адæмон æвзагыл фыст сты, кæцыфæнды дзы райс, цæттæ зарæг у. Уый уыд 1972 азы, Георгийæн йе сфæлдыстадон куыстытæ æртæ томæй рауадзын аскъуыддзаг Фысджыты цæдисы. Уагъд дæр æрцыдысты. Фыццаг том куы рацыд хурмæ, уæд ыл ре- цензи ныффыстон æмæ ныммыхуыр, «Зарæг уарзондзинадыл», зæгъгæ, ахæм сæримæ. Георги мыл, куыстмæ цæугæйæ, къæлидоры рамбæлд, бахудт æмæ мын афтæ: - Цыдæртæ та æрыхъуыстон, критикæ мæ кæныс, мæ зæрде- йæ. Радзур-ма мын дзы истытæ. Цæвиттон, æз уæд гуырдзиаг газеты редакцийы куыстон æмæ уац дæр уым «Сабчъота Осети»-йы ныммыхуыр кодтон. Æз æм уыцы номыр бахастон æмæ йыл цы фыстон, уый йын иронау, газетмæ кæсгæйæ, радзырдтон. Лæмбынæг мæм хъуыс- та æмæ, йе сфæлдыстад адæмон сфæлдыстады бындурыл арæзт кæй у, æмæ фылдæр уымæй кæй æмбулы, уыцы хъуыды йын В. Белинскийы цитатæйæ кæй бафидар кодтон, уый йæ зæр- дæмæ фæцыд æмæ мын афтæ: - Раздæр та мын уыцы миниуæг иуæй-иутæ мæ цæстмæ дард- той - æгæр хуымæтæг æвзагæй, дам, фыссы Дзугайы-фырт. Уыцы рæстæджы газетты редакцитæ, журнал «Фидиуæг», рауагъдад «Ирыстон», радиокомитет, ныр президенты агъуыст цы ран ис, уыцы бынаты дыууæуæладзыгон дæргъæй-дæргъмæ агъуыст уыд, æмæ уым дыккаг уæладзыг ахстой. Бинаг хатæн- ты та областон библиотекæ, кæсæн зал, æмæ чингуыты магазин уыдысты.
Георги «Фидиуæджы» редакторæй куыста æмæ сæ кабинеттæ æмæ редакцийы кабинетты ’хсæн иу нарæг, талынг къæлидор уыд. Алыбон кæрæдзи уыдтам æмæ журналисттæ фысджытимæ тынг æнгом, хъæрмудæй цардыстæм. Мæнæн цæмæндæр уæл- дай лæггад кодтой. Тæлмац сын-иу кодтон сæ радзырдтæ, се ’мдзæвгæтæн сын дæлрæнхъон тæлмац арæзтон æмæ-иу сæ газеты мыхуыр код- той. Афтæ мæ кæй рæвдыдтой, уый зæрдæ мæ скъæйных кодта, æмæ уый цы мæ сæры фæкуысси! - ирон æвзагыл дын æмдзæв- гæ куы ныффыссин, «Мæ Ирыстон», зæгъгæ. Бахастон æй Геор- гимæ, бакæсут-ма мын æй, зæгъын. Уыцы рæстæджы Бестау бæрнон нымæрдарæй куыста «Фидиуæджы». Стъолы фарсмæ бады æмæ цыдæр æрмæгыл кусы. Георги æмдзæвгæ кæсы. Бестау та йæ цæсты зул махмæ дары. Каст фæци Дзугер æмæ мын дзуры: - Мæ чысыл хо, рифмæтæ хорз бацагуырдтай, дæ бæстæ дæр кæй уарзыс, уый дзы ирдæй зыны, фæлæ ма дзы ритм ахсын дæр хъæуы, ноджы ма цыдæртæ цух у. Кæс, мæнæ ацы дзырд... Уым дын Бестау йæхи нал баурæдта, скаст мæм йе ’рфгуы- ты бынты æмæ мын дæрзæгæй, æнæдæлæ-уæлæ, гуырдзиагау зæгъы: - Мери, шени сакме акъете! («Дæ хъуыддаг араз», ома, тæл- мац кæныс æмæ тæлмац кæн, æмдзæвгæтæ фыссын дæ хъуыд- даг нæу.). Дзугер æй фембæрста æмæ йын сабыргай афтæ бакодта: - Джиуæр, уадз, æмæ йæ тыхтæ фæлвара. Баххуыс кæнын нæ хæс у. Кæд ын исты бантыса, хорз, кæд нæ, уæддæр цы куыстыл хæцы, уый дæр нын тынг ахъаз у. Бестау йæхæдæг дæр гуырдзиагау фæци ахуыр, æмдзæвгæтæ фыссын дæр гуырдзиаг æвзагыл райдыдта фыццаг. Фæлæ уый æрдзæй поэт уыд, йæ мадæлон æвзаг дæр мæнæй бирæ хуыздæр зыдта, уымæн æмæ ирон бинонты, ирон хъæубæсты ’хсæн схъо- мыл, скъола дæр цыппар къласы иронау фæци. Уымæн бар уыд, афтæ мын загътаид. Адджын уыдыстæм, æмæ мæм йæ комком- мæ ныхас фæхъыг каст, фæлæ ницы загътон, раст уыди. Уæд æз ирон литературон дунеимæ афтæ æнгом нæма уыдтæн. Уыцы цауæй дæс азы бæрц дæр рацыд, æз иронау бирæ кас- тæн æмæ тæлмац дæр бирæ кодтон, фæлæ фыссынмæ мæ ныфс нал бахастон.
Фæстæдæр, газеты редакцийæ рауагъдад «Ирыстон»-мæ ра- цыдтæн редакторæй. Ам дæр та иу агъуысты - зонадон инсти- туты фыццаг уæладзыджы фæрсæй-фæрстæм уыдысты «Фиди- уæг», рауагъдад æмæ Фысджыты цæдис. Æмæ, раздæрау, хъæр- муд сыхæгты цард кодтам. Георгийы уæд Фысджыты цæдисмæ раивтой, «Фидиуæг»-æн та Гаглойты Валодяйы снысан кодтой редакторæй. Георгийы кабинетмæ кæдфæнды бакастаис, алыхатт дæр æм исчитæ уыд - кар фысджытæ; зæгъай, æви «ногдзаутæ» - сæ фыстытæ-иу æм æрбахастой æмæ сын сæ уый дæр æнæзивæгæй каст, амыдта сын, ирон дзырды адæнкъарынад сын æмбарын кодта. Иу бон мæм æрбадзырдта: «Мери, æрбауай-ма». Бацыдтæн æмæ мæм иу тæнæг папкæ радта. «Æркæс æм, кæд дæ зæрдæмæ фæцæуой, уæд - дæ хъару æмæ дæхæдæг». «Радзырдтæ сывæл- лæттæн» - афтæ хуынд. Кæй зæгъын æй хъæуы, дзæбæх мæм фæкастысты, тæлмац дæр сæ ракодтон æмæ дзы чысыл, фæлæ сывæллæттæн рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ чиныг рауад. Ным- мыхуыр Тбилисы æмæ йыл иумæ фæцин кодтам. Уыцы радзырдты фæстæ ма йын йæ роман «Сыгъзæрин суа- дон» дæр раивтон æмæ уый дæр рацыд мыхуыры. Иуахæмы, Гуыцмæзты Михал кæмæндæр йæ къухфыст редак- ци кодта. (Не стъолтæ ныхæй-ныхмæ æвæрд уыдысты.) Машин- кæйыл мыхуыргонд сыф дзуарæвæрд хахх ныккодта, рафæл- дæхта йæ æмæ фыссы. - Уый та цыхуызæн редакци кæныс, дæ Хуыцауы тыххæй! Ис- чи мын мæ фыстæн афтæ куы бакæна, уæд зæрдæдзæф фæуы- дзынæн, - загътон ын дисæй. - Растгæнæн ын куынæ уа, уæд - афтæ! - мæстыйæ дзуапп рад- та æмæ фыссыныл арæуæг. Уыцы изæр æз хæдзары мæхи новеллæтæй иу иронау раив- тон æмæ йын æй райсом йе стъолыл æрæвæрдтон, бакæс-ма йæ, зæгъын. Чысыл уыд - 3-4 фарсы. Æнæзивæгæй йæ райдыдта. Куы йæ фæци, уæд мæ цы- бæлхуызæй фæрсы: - Кæй у, кæ!? - Мæхи... Йæ цæстытæ цыхуызæттæ аисты, лæгæй-лæгмæ йæ чи нæ зыдта, уымæн æй ничердæм бамбарын кæндзынæн...
- Абонæй фæстæмæ ма дæ тæлмацгæнгæ федтон, уæд дæм дзыхæй дæр нал сдзурдзынæн, - æмæ та къухфыстмæ кæсы... «Мæлы, лæгау мæлы...» (новеллæйы къамбец мæлы) - бахъуыр- хъуыр кодта æмæ кабинетæй ахызт, къухфыст дæр йемæ айста. Уыцы новеллæ «Фидиуæджы» ныммыхуыр æмæ мын фыц- цаг Дзугер раарфæ кодта: «Мæ зæрдæмæ дын фæцыд. Фысс, ныр мауал тæрс». Хацырты Сергей дæр æм бафтыдта: «Хуыцауштæн, фышшæг райгуырд!» Михал та сæрыстырæй: - «Федтай!». Цæмæн мысын ацы цаутæ? Ома, мæхи стауын? Хуыцау ба- хизæд! Фыццаджыдæр уымæн, æмæ нæ кæстæртæ зоной, куыд ауд- гæ, цæстуарзон, ирон дзырды сæрхъызой интеллигенттæ уы- дысты нæ хистæр фæлтæр. Дыккаг та уый, æмæ Георгийы хуызæн парахат зæрдæйы хи- цау ирон литературæ аразджыты ’хсæн куынæ куыстаин, уæд иронау фыссын никуы райдыдтаин. Чизоны мын ахæмæй ни- цы бантыст æмæ йе скойы аккаг уа, фæлæ цыфæнды бæрзонд æмæ фидар мæсыг дæр иугай дуртæй амадæуы. Æмæ мын цал адæймаг зæгъы, «дæ чиныг, кæнæ дæ радзырд мæ зæрдæмæ фæцыд», уал хатты та мæ бæрндзинады æнкъарæн бацагайы: исты ма, ноджы ма иу уырзы бæрц уæддæр исты бафтауон ирон культурæйы уыцы мæсыгмæ. Нæ хистæр фæлтæры фысджытæн æрмæст сæ литерату- рон сфæлдыстад нæ, фæлæ сæ алыбонон царды фæтк, се ’гъдау, сæ удыхъæды хуыздæр миниуджытæ равдисын фæста- гæттæн цæвиттойнаг хъуамæ уа. Дзугеры тыххæй мæнг ницы зæгъдзынæн - йе сфæлдыстад нæ цæсты раз ис, æмæ йыл комдзогæй нæ рацæудзынæн. Куыд адæймаг, афтæ та ирон æгъдауджын лæджы эталон уыд. Хъуыды йæ кæнын, Нига (Галуанты Нина - фыццаг ирон Со- ветон сылгоймаг-фыссæг Хуссар Ирыстоны) пединституты лек- торæй куыста. Æмæ-иу Фысджыты цæдисмæ куы ’рбацыд, уæд- иу ыл Георги афтæ бацинтæ кодта, цыма йæ афæдз нал федта. Цæмæй ма-иу ын алæггад кодтаид, ууыл уыд. Лæггадгæнаг та куыднæ уыд Георги. Искуыдæм-иу улæ- фынмæ куы ацыд, исты зæрдылдарæн лæвар мын хъуамæ æр- хастаид - куы - духи, куы - цы. Иу хатт мын Тебердайæ сырх- сырхид хъуырылдарæн зæлдаг «кашне» æрхаста: ^^о-^Х’477 -х^^з^©
- Мери, уырыссаг устытæ сæ скъæфтой, æвæццæгæн, модæ- йы ис, иу дзы Фатимæйæн райстон, иу - дæуæн. - Иннæ хатт та мын кæцæйдæр æнгуырстуан æрхаста: «Судзин зæрдæ ссардта, судзин зæрдæ скъахта», - фехъуы- стай? 0, æмæ дын бабæздзæн. Абоны онг дæр дзы фæархайын æмæ алыхатт Георгийы худ- гæ цæсгом мæ цæстыты раз слæууы. Иу бакастæй адон лыстæг хабæрттæ сты, фæлæ доны æртахы арвы сурæт зыны... Георгийæн ахæм поэмæ ис Хетæгкаты Къостайыл «Цæргæ- сы хæтæнтæ» (Уый дæлрæнхъон тæлмац дæр ын сарæзтон æмæ Морис Поцхишвилийы тæлмацæй хицæн чиныгæй ныммыхуыр). Ацы поэмæ афтæ фæуд кæны: «Ды хох дæ, - æврæгъты æмбæрзæнд, Æз - иу къæртт йæурс дзæнхъа дурæй, Мæн рæстæг йæ тары нымбæрздзæн, Дæу ничи æрисдзæни хурæй...» Раст зæгъы Дзугер - Къоста ирон адæмæн æнæамæлгæ ныфсы хур у. Фæлæ Георги, йæ фырнымдæй, йæхицæй афтæ кæй зæгъы: «Мæн рæстæг йæ тары нымбæрздзæн», зæгъгæ, уый мæнмæ уыр- нинаг хъуыды нæ кæсы. Поэт нæ мæлы - йе сфæлдыстадæй йæ раттæг адæмы зæрдæты цæры æмæ рæстæгимæ йæ ном æмдзу кæны. 2002 аз (ВЗЪ1(ЮЯШЯ® ÆЖ/Е Я®ÆМЪ1 УЯ&ЗГЖЙЖ Арæх фæдзурынц, цард, дам, фыдæбон у. Чизоны, раст у, фæлæ æнæфыдæбонæй ницы ис æмæ дын дæ фыдæбоны фæстиуæг дæ алыварс уæвджыты зæрдæ куы рухс кæна, уæд фыдæбон цы хонæм - уый амонд у, æгæрон амонд. Амондджын у Къæбысты Зауыр - курдиатджын фыссæг æмæ зынгæ журналист. Фысгæ бирæтæ кæнынц, фæлæ Зауыр фыссæг куынæ уаид, уæддæр амондæй хайджын уыдаид. Уымæн æмæ амонд æрмæст чингуытæ уадзыны нæй - афтæ дæ исчи куы зæгъа: «Фысгæ дзæбæх кæны, йæхæдæг ницыгар лæг у», - уæд
уый мардæрцыдæй фыддæр у. Мæнмæ гæсгæ; фыццаджы-фыц- цаг лæг хъуамæ уа лæгау-лæг, стæй уый фæстæ фыссæг дæ æви артист, уым дын стыр æнтыстытæ куынæ уа, уый къаддæр бæллæх у. Зауыр та у, йæ зæрдæ адæмы уарзтæй кæмæн судзы, адæмы сæрвæлтау йæхиуыл чи нæ ауæрды, ахæм лæг. Алы уысм дæр цæттæ у æххуысмæ, лæггад кæнынмæ æмæ уыцы хорздзи- над адæймагæн ахæм хуызы саразы, цыма «никуы æмæ ницы», - ома, афтæ æмбæлы æмæ йыл дзурын нæ хъæуы... Кæцæй цæуынц æмæ кæм ис сæ ратæдзæн уыцы хорз ми- ниуджытæн? Фыццаджыдæр, хæххон ирон бинонты ’хсæн. Зындгонд у - хæххон адæм хæххон уæлдæфау сыгъдæгзæрдæ, рæстылдзог æмæ уарзæгой уды хицау сты. Зауыр дæр хæххон лæппу у: райгуырд Чеселты комы, Раройы хъæуы, 1936 азы 27 июлы. Афæдз дæр ыл æххæст нæма цыд, йæ фыд а дунейæ куы ахицæн æмæ фондз даринаг куы ныууагъта йæ идæдзæн. Хохы цæрын экзотикон миниуæгмæ гæсгæ, бæргæ хорз æмæ рæсугъд у, фæлæ, уыйхыгъд, фыдæбон кæнын фылдæр хъæ- уы - даргъ зымæгмæ уыцы цыбыр сæрды бонты уæхскуæзæй ку- сын хъæуы, иудзырдæй, хæхты лæгдых хъæуы, утæппæт уæззау куыстытæн сылгоймаджы тых кæм сфаг уыдзæн? Фæлæ æндæр бон нал уыд сидзæрты мад Джиоты Натъайы æмæ æхсæвæй, бонæй куыста, архайдта, цæмæй сабитæ æххормаг ма уыдаик- кой, цæмæй сæ адæмы рæгъы ракодтаид. Æмæ бантыст хæх- хон сылгоймагæн алцьЛ - сæ фондзы дæр куыстуарзаг, æгъ- дауджын адæймæгтæй схъомыл кодта, ахуырæй дæр сæ фæстæ ничи баззад. Зауыр чысылæй фæстæмæ фыййау дæр цыд, зæххы куыст дæр кодта, скъоламæ дæр никуы фæстиат кодта. Хъуыдыджын, коммæгæс лæппу æнтыстджынæй фæци Хъемултайы астæуккаг скъола æмæ мад алцыдæр сфæрæз кодта, цæмæй йæ зæнæджы кæстæр дæр уæлдæр ахуырад райстаид. Æрцыд Зауыр Цхинвал- мæ æмæ радта фæлварæнтæ филологийы факультетмæ, студент ссис. Уæдæ цы! Æмæ йæм фыссæджы дæсныйад дæр ам, инсти- туты райхъал. Фыста нывафыстытæ, радзьцэдтæ æмæ сæ бы- нæттон газет æмæ журналы мыхуыр кодта. Иæ радзырдты ир- Дæй разынд фыссæджы курдиат æмæ уыцы хъуыды чиныгкæ- сæг фидарæй банкъардта, 1962 азы йын «Фидиуæджы» цы ра- дзырд ныммыхуыр «Зæлда», зæгъгæ, ахæм сæримæ, уым.
Зауыр институт куы фæци, уæд иуцасдæр Ленингоры рай- оны ахуыргæнæгæй фæкуыста. Ам ма районы газеты арæх мы- хуыр кодта хъæууон адæмы цардыл очерктæ, радзырдтæ æмæ уый ноджы фылдæр фæахъаз йæ литературон сфæлдыстадон куыстæн. Фæстагмæ йæ газеты редакцимæ ракодтой æмæ ам йæ уарзон куыстæн уæрæхдæр фадат ссардта. Æмæ тагъд йæ чингуытæй адæмы зæрдæ барухс кодта, мыхуыры йын рацы- дысты радзырдты æмбырдгæндтæ «Сосойы зарæг», «Хъисфæн- дыр» æмæ æндæртæ. Радзырдты автор арæхстджынæй равдыс- та йæ адæмы удыхъæд, рæсугъд æнкъарæнтæ, царды ныфс æмæ уарзондзинадыл нывæст фæлгæнцтæ. Цъус фæстæ та гуырахстджын роман дæр ныффыста Зауыр æмæ йæ уæрæх чиныгкæсæджы тæрхонмæ рахаста. Уый уыд фан- тастикон роман «Фæстаг маймули». Ирон литературæйы фанта- стикон жанр нырма дæр нæу, парахатæй кæуыл фыссынц, ахæм. Уымæ гæсгæ авторæн, над фæндагыл цæугæйæ, нæ уыд æмæ йæ арæхстджынæй хъуыд кусын, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй рагæй дæр уарзта фантастикон уацмыстæ кæсын, сæхимæ йæ æлвæстой сæ цымыдисондзинад æмæ уæрæх авналæнтæ. Се ’гасæй тынгдæр ыл бандæвта францаг фыссæг Пьер Булы роман «Маймулиты планетæ» æмæ Зауыр дæр йæ гæрзтæ рабаста уы- цы жанрмæ. Раст зæгъгæйæ, бантыст ын æмæ роман чиныгкæ- сæг зæрдиагæй айста. Кæд Пьер Бул капиталистон æхсæнады цардмæ гæсгæ æвдыста йæ хъуыды, уæд «Фæстаг маймули»- йы автор та социалистон бæстæйы царди æмæ уымæ гæсгæ ра- нывæста йæ хъуыдытæ. Уыцы фыццаг роман йæ фæстæ бирæ романтæ æмæ ра- дзырдтæ расайдта. Уæдæ, «Сау суадон» (1980), «Æртæхгæрдæг» (1984), «Æлгъыст хæдзар» (1987), «Зæрдæйы зæлланг» (1989) æмæ æндæртæ. Ацы романты автор адæймаджы миддуне рав- дисынмæ, йæ сыгъдæг æнкъарæнтæ æмæ бæллицтæ бауырни- наг амæлттæй сныв кæнынмæ афтæ арæхстджын у, æмæ чиныг- кæсæгæн персонажтæ йæ цæсты раз удæгæстау архайынц, худ- гæ кæной æви кæугæ - цыма ды дæр семæ дæ, афтæ хатыс дæхи. Æмæ, уæдæ, фыссæджы профессионалондзинадыл дзурæг дæр уыцы сæйраг миниуæг у - равдиса цард æмæ адæймаджы, - йæ хъыгтимæ, йæ цинтимæ реалон æмæ бауырнинаг æнкъарæн- тимæ. Мæ размæ ацы миниуæг Зауырмæ мæнæй компетентондæр адæм бафиппайдтой йæ рæстæджы æмæ йæ кæд æз фæлхат
кæнын, уæд уымæн, æмæ курдиатджын фыссæг бонæй-бонмæ, иу уацмысæй иннæмæ рæзы æмæ ахадæндæр кæны йе сфæл- дыстад. Ацы чысыл газетон уац Зауыры романты анализы хæс йæхимæ нæ исы, фæлæ уæлæнгайдæр куы ахæссæм нæ цæст сæ мидисыл, сæ гъæдыл, уæд æнцонæй бамбардзыстæм, авто- ры миддуне куыд рæзы, йæ алы хъуыды куыд уæзбындæр æмæ зæрдылдаринаг кæны. Роман «Æртæхгæрдæг»-ы æвдыст цæуы хæсты размæйы хæх- хон адæмы цард. Зауырæн уынаг цæст ис, ахæм деталь бафип- пайдзæн адæймаджы характеры, æндæр искæмæн йæ фæсон- æрхæджы дæр цы не ’рцæуа. «...къух æмæ цæст хъуамæ æмхуы- зон зоной хъуыддаг, цæмæй кæрæдзи ма сайой», - уый галда- вæг Хъараманæй дзуры. «Цæгатвæрсты нырма уæддæр мит йæ удыл дæндагæй хæцы. Нæ йæ фæнды амæлын. Чъиллæттæ æмæ хæррæгътæй цæрыныл дæр хъæцы...». Роман «Зæрдæйы зæлланг»-ы темæ у Фыдыбæстæйон хæс- ты рæстæджы цы фыдæбæттæ æвзæрстой хæххон хъæу Тыны цæрджытæ. Хæст фæуыны фæстæ та йæ фæстиуæгæй æрцæугæ дудгæ фыдтимæ куыд тох кодтой адæм уæхски-уæхск æмæ алы зындзинæдтыл куыд уæлахиз кодтой, уыцы хабæрттæ. Алцы- дæр нывыл æмæ зæрдæмæхъаргæ æвдисы автор: «Нæ фыдæл- тæ хъаймæт кæй хуыдтой, уый кæд искуы æрцæуа, уæддæр хæсты азарæй. Уымæ гæсгæ алы æмбæстаджы хæс дæр у, цæмæй йæ тых, йæ хъару цас амонынц, уымæй тох кæна хæст мауал æрцæуыныл». Зауыр иу рæстæджы рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй куыста. Уæд сæйраг редактор та Бестау уыд æмæ-иу афæдзы те- матикон план куы арæзтой, уæд-иу иуæй-иу фыссæгæн йæ уац- мыс нырма фæуд нæма уыд, афтæмæй-иу æй планмæ бахæссы- ныл архайдта. Бестау-иу нæ разы кодта æмæ йын иухатт Зауыр дæр афтæ: - Бахæсс ын æй, кæд ын нæ фæуа азы кæронмæ, уæд мæнæн цæттæ у... Сæйраг редактор æм дисгæнгæ бакаст: - Кæс ныр амæ! Кæм сæ ракæныс дзултау? Фараст азы æз иу чиныг дæр нал рауагътон. Уый уымæн æрбалæууыд мæ зæрдыл - Хуыцау ын тых рад- тæд æмæ йын ноджыдæр бирæ бантысæд, - тынг куыстуарзаг у Зауыр.
Уый хорз у, тынг хорз, нæ ирон литературæйæн стыр ахъаз- дæттæг. Райсом Зауырыл æххæст кæны 70 азы. Йæхи дæр нæ уырны. Куыд атахтысты азтæ. Фæлæ рæстæг йæхион домы. Æниу нæм æвдай азы, дыууын аз ма ныл куы цыд, уæд кастысты бирæ. Æндæра ныр лæгмæ фыдæбойнаг цард дæр адджын кæсы. Мæ цæст ын уарзы, иу ахæм ма рацæра, фыссæг дуджы азфыссæг у, уадз, æмæ фысса йæ адæмы рæсугъд цардыл. Фæнды мæ мæ уац хъæлдзæг нотæйыл фæуон æмæ нын За- уыр йæхæдæг цы цау радзырдта уартæ ссæдз азы размæ, уый æр- хæссон: Ленингоры куы куыста, уæд йæ бинойнагимæ æххуырс- ты цардысты æмæ, зымæг нырма йæ тыхы уыд, афтæ сæ сугтæ сыгъд фесты. Зауыр дзоныгъ æмæ галтæ ракуырдта сыхагæй æмæ ацыд хъæдмæ. Изæры æрласта йедзаг дзоныгъ æмæ хæ- дзары йе ’мкъаимæ иу зæронд усы ныхас кæнгæ æрбаййæфта. Фынгыл - къуыдырвых карк, æртæ хæбизджыны æмæ дурыны дзаг арахъхъ! Дисгæнгæ бакаст йе гмкъай Эммæмæ. Уый йæ бамбæрста æмæ йын афтæ: - Мæнæ дын сæ ацы сылгоймаг æрбахуын кодта, цыдæр хъуыд- даджы фæдыл дæм æрбацыд сыхаг хъæуæй. Цалынмæ зæронд усы йæхæдæг бафарста, цæуыл бахъиамæт кодтай, зæгъгæ, уæдмæ ус йæхæдæг фæраздæр: - Дæ сæрыл мæ æрхæсса Хуыцау, амæй размæ нæ хъæуккаг усы газеты куы рауагътай, мæныл дæр ма ныффысс... Зауыр фæдисау, зæгъгæ, уыцы усыл æфхæрæн фельетон ныф- фыстон, йе ’фсины кæй фæнадта, уый тыххæй. - Мæныл дæр ныффысс. Дæ нывонд фæуон, фæнды мæ æф- хæргæ бакæн - мæ ном айхъуысдзæн æмæ мæн æндæр ницы хъæ- уы. Æнæхъæн ком уыцы усы йеддæмæ никæйуал кой кæнынц... Ныр æз дæр Зауыры кой ракодтон, куыд мæ бон баци, афтæ йæ «бафхæрдтон», æцæг йæ ном æнæ мæнæй дæр æнæхъæн Иры- стоныл хъуыстгонд у, фæлæ мæн уæддæр зæрдиагæй фæнды раарфæ йын кæнон йæ юбилейон боны цытæн. Мæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад æмæ дæргъвæтин цард, цæмæй зæрондæй дæр ног æмæ ног уацмыстæй хъæздыг кæна ирон литературæ- йы хæзнадон. 2006 аз
«М/ЕЯШ МЛ 9ТОЭЗИ Ж/Е ЮШ <У...» Сфæлдыстадон кусæгæн цæрæнбонты йæ уаргъ йе рагъæй нæ хауы. Уый барвæндæй хæсджын у йæ Хуыцау æмæ йæ адæмы раз. Йæ сыгъдæг хæс та у сæ дыууæйы ’хсæн раст ныхас зæгъын. Æмæ, æвæццæгæн, поэзийы уымæн фæхонынц хуыцæуттимæ дзурæн æвзаг. Адæймаг иугæр царды йæхицæн вазыгджын æмæ зын фæндаг равзæрста, уæд рæстагæй хъуамæ минæварад кæ- на Хуыцау æмæ адæмы ’хсæн... Адæмы цин æмæ рис ахæм уаз æнкъарæнтæй фæзæгъа æмæ Хуыцаумæ дæр растæй куыд фе- хъуыса. Поэты ахæм стыр хæс, стыр бæрндзинад снывонд ис Минди- ашвили Сергойæн æмæ йе ’взонджы бонтæй фæстæмæ, йæ удыл æнæауæрдгæйæ, архайы поэзийы кувæндоны, архайы æмæ йын дзы æнтысгæ дæр хорз кæны. Цалынмæ йын йе сфæлдыстадон куыстыл нæ цæст рахæссæм, уæдмæ уал ын йæ царды тыххæй цыбыртæй зæгъдзыстæм æмæ нæм уæд ирддæрæй разындзæн, кæцæй цæуынц афтæ параха- тæй йæ зæрдæмæдзæугæ рæсугъд поэтикон нывтæ. Миндиашвили Серго райгуырд 1940 азы 2 июлы Хуссар Иры- стоны Сталиниры районы Сарабучъы хъæуы. Йæ фыд Бесо уыд зæхкусæг лæг, йæ мад Æлборты Тамар та - хæдзарон æфсин. Ив- гъуыд æнусы 30-æм азты æвзонг бинонтæ сæ цæрæн бынат Че- мертæй Сарабукъмæ раивтой, Тамары мад иунæгæй кæй базза- ди æмæ йæм кæсын кæй хъуыдис, уый тыххæй. Фæлæ зæронд усæн цæрын бацайдагъ (114 азы фæцард) æмæ бинонтæ дæр ам цæргæйæ баззадысты, сæ цот дæр - цыппар лæппу æмæ 2 чыз- джы ам схъомыл кодтой. Серго се ’гасæй кæстæр уыд. Уый рай- диан скъола Сарабучъы хъæуы фæцис каст, стæй Уанаты астæук- каг скъолайы адарддæр кодта йæ ахуыр æмæ йæ хорз æнтысты- тимæ фæцис каст 1958 азы. 1959 азы Серго фæлварæнтæ радта Цхинвалы педагогон инс- титутмæ педагогикæ æмæ методикæйы факультетмæ (ирон ха- йад) æмæ йæ каст фæцис 1963 азы, уæд æй Советон Æфсадмæ акодтой, службæ кодта Германы Демократон Республикæйы. Ам каст фæцис афицерты курсытæ æмæ кæстæр лейтенанты чинимæ æрыздæхтис йæ райгуырæн бæстæмæ. Уайтагъд кусын райдыдта областон радиокомитеты тæлмацгæнæгæй. Уый фæс- тæ кУсьшмæ рацыд газет «Советон Ирыстон»-ы редакцимæ, стæй
та йæ Знауыры районон газет «Колхозон цард»-ы редакцимæ раивтой. Серго иу афæдз йæ райгуырæн хъæуы ахуыргæнæгæй дæр ба- куыста. Чысыл фæстæдæр æй Хуссар Ирыстоны областон коми- теты культурæйы хайады методкабинеты методистæй снысан кодтой. Фæкуыста дзы 20 азы бæрц, ссис хайады хистæр, стæй - директоры хæдивæг, фæстæдæр та - директор. 1986 азæй Сер- го куыста Хуссар Ирыстоны паддзахадон чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй. Æмдзæвгæтæ фыссын, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд райдыдта. 12-аздзыд лæппу йе ’мцахъхъæнтæй уæлдай бынтон æндæр цæстæй уыдта æрдз, царды æрцæугæ цаутæ, адæймæг- ты ахастытæ æмæ сыл сыгъдæг, æнæхин æнкъарæнтæй фыста йæ хъуыдытæ. Фыста æмæ ради, йæхи ссаргæ хуызтæ рæсугъд рифмæтæй кæй фæлындзыдта, уымæй. Афтæ рауади æмæ Серго райдиан скъола ирон æвзагыл фæ- цис каст. Фæстæдæр та областы скъолаты ахуыр гуырдзиаг æвзагмæ раивтой. Иу-дыууæ азы фæстæ та уырыссаг æвзагмæ рахызтысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъæууон сывæллæттæн иу æвзагæй иннæмæ ахизын афтæ æнцон хабар нæ уыдаид, фæлæ Сергойæн ацы хабар цыма хорзæрдæм рауади. Æрдзæй ахуырмæ æвзыгъд лæппу æртæ æвзаг дæр тынг хорз сахуыр кодта æмæ ма æмдзæвгæтæ дæр æрмæст иронау нæ, фæлæ гуырдзиаг æв- загыл дæр гуырдзиæгтæй къаддæр нæ фыста (æмдзæвгæты иу æмбырдгонд ын гуырдзиаг æвзагыл дæр рацыд, кæцыйæн йæ редактор мæхæдæгуыдтæн). Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры цыдысты областы прес- сæйы, журнал «Фидиуæг» æмæ газетты - иронау «Советон Ирыс- тон»-ы æмæ гуырдзиагау та - «Сабчъота Осети»-йы. Æмдзæвгæты фыццаг чиныг ын рацыд 1966 азы ахæм номи- мæ «Ныхас хуримæ». Ацы æмбырдгондмæ цы æмдзæвгæтæ ба- цыд, уыдоны æвзонг автор зары йæ бæстæ, йæ адæмы æгæрон уарзтыл: «Уарзын æгас дуне, Алы къуымуарзын. Уарзын рæууддзæфы базыртæй хъазын... Уарзын сырх дидинты даритæ фасын...
Алы чысыл къуыбыр а зæххыл уарзын. Уарзын!..». Зынаргъ у поэтæн йæ райгуырæн къуым. Ам алцы - зæхх æмæ хурæй, дидин æмæ бæласæй, дон æмæ хорæй - адджын, рæсугъд, райдзаст æмæ царддæттæг сты. Æмæ, дард бæстæйы службæ кæнгæйæ, уый мысы йæ уарзон фыдыбæстæ, йæ цæссыг дæр не ’мбæхсы, афтæмæй, хатыр курæгау, дзуры: «Хатт цæссыг хъайтарыл дæр фидауы, - Дурзæрдæйæ не ’рхаудзæн цæссыг... Чиуарзы ныййарæг къуым æгъдауыл, Риуыуый фæлмæн зæрдæ хæссы». Фæлмæнзæрдæ, уарзæгой уды хицау поэт дард Германы зæххыл йæ райгуырæн Ирыстоны цæрайæ цæры, йæ фенынмæ йын бæллы: «Мæ чысыл, Фæлæ хуры къæртт, Мæуарзон къуым, Мæ Ир! Дæуыйас цин, Дæуыйас мæт Зæххы цъарыл кæм ис?! Мæ риу дæ хурæй хурджыну, Мæ арм, дæ зæххау - тæвд. МæИр, Дæуарзт мæ туджы ис, - Мæ цард æнæ дæу - сæфт!» Ахæм патриотон лирикæ йæ сыгъдæг зæрдæйæ ратæдзгæ зæлтæй чиныгкæсæджы æнкъарæнтæ йæхимæ æлвасы æмæ йын æхцондзинад лæвар кæны. «0, мæ зынаргъ Ирыстон, ды дæ амонд, царды æвидигæ монц, ды мæ райсомы хуры тын дæ, ды - мæ удлæууæн, царды фæлгонц!». Чи агуры, уый, дам, ссары, - афтæ фæзæгъынц. Серго иуда- Дзыг агуры æмæ архайы йæ поэтикон миддуне рæсугъд æмæ
реалон хуызтæй цæмæй рахæсса поэзиуарзджыты размæ. Æмæ цæуылфæнды фысса - æрдзыл, адæймагыл, уарзт æви фыдæхыл, хæст æви фидыдадыл - чиныгкæсæджы зæрдæмæ фæндаг сса- ры. Æмæ иугæр æмдзæвгæйы мидис зæрдæмæ бахъардта, уæд ыл адæймаг хъуыды дæр акæны æмæ поэты æндæр цы хъæуы, йæ зæрдæйы рис æмæ цин ын раст куы бамбарой, уæд? Æмбары Сергойæн йæ уаз хъуыды, тынг хорз æй æмбары чиныгкæсæг, уымæн æмæ йæ алы дзырд дæр зæрдæйæ ратæдз- гæ у, уымæн æмæ, йæхæдæг куыд зæгъы - поэзи йæ цард у, йæ дин у: «Мæнæн мæ поэзи мæ дин у, мæнæн мæ кувæндон у ме ’взаг». Серго 12 чиныджы автор у. Йе ’мдзæвгæты фыццаг чиныг «Ныхас хуримæ» мыхуырæй рацыд 1966 азы. Поэзиуарзджытæ йæ зæрдиагæй райстой æмæ йын хорз аргъ скодтой. Уый фæстæ уыд «Хæрæфырты хуын» (1969), «Æнусон зарæг» (1972), «Бы- цæу мæлæтимæ» (1874), «Дæ рухсмæ цæугæйæ» (1978), «Мæ хурхæтæны сагъæстæ» (1981), «Атом æви уадындз» (1988) æмæ ноджы бирæ, бирæ æмдзæвгæтæ, поэмæтæ цалдæр æмбырдгон- ды фаг лæууынц Сергойæн йæ архивы æмæ æнхъæлмæ кæсынц, кæд сыл ракæсдзæн хур, кæд фæхæццæ уыдзысты ирон чи- ныгкæсæгмæ, цæмæй сæ авторы зæрдæйы сагъæсыл иумæ фæ- хъуыдытæ кæной. Серго ма, æмдзæвгæтæй дарддæр, прозаикон уацмыстæ дæр фыссы: новеллæтæ, уацаутæ, сатирикон æмæ юмористон ра- дзырдтæ, публицистон уацтæ. Æнтыстджынæй кусы тæлмац кæныны фадыджы дæр. 1980-90 азты ратæлмац кодта гуырдзи- аг литературæйы классик Галактион Табидзейы æмдзæвгæты стыр хай. Рауагъдады планмæ дæр уыдысты хаст, фæлæ сыз- мæст бæстæ æмæ чиныг дæр нал федта рухс. Сагъæссаг рæстæг ныл æркодта æмæ уымæ гæсгæ фæстаг азты фыст сфæлдыстадон куыстытæ Сергойæн дæр, куыд Хуссар Ирыстоны алы фыссæгæн, маст æмæ катайæ семыдзаг сты. Иу журнал ма нæм цæуы æмæ ма йын кæд афæдз иу хатт уым фены чиныгкæсæг йæ ’мдзæвгæтæ, æндæр... Фæстаг азты фыст æмдзæвгæты ирдæй зыны поэтæн йæ уды рис, йæ катай Иры зæххыл æрцæугæ тугуарæнты фæдыл. Сергойæн ацы æбуалгъ хабар дывæр рыст æрхаста - мадæй - ирон, фыдæй - гуырдзиаг, ирон зæххыл гуырд, ирæтты сиахс, ирон æгъдауыл хъомыл лæг дывыдон арты судзы. Фæлæ рæст-
дзинады раз йæ цæст никуы æрцъынд кодта: гуырдзиаг рæди- йы æмæ йын йæ ных æнæауæрдгæ бакъуыры, йæ масты цæхæр ыл акалы. Зоны йæ, иугæр дыууæ адæмы ’хсæн туг ныккалд, уæд афтæ æнцонæй нал тасы зæрдæ. Æмбисондæн куы у дзырд - «туджджынтæ сты». Æмæ ацы риссаг фарст рæстæг кæд ас- къуыддзаг кæна, уый йеддæмæ цы йæ бон у поэтæн - æрмæст фидыдады, сабырдзинады фæдыл ныхас зæгъын: фыдæхдзи- над цы ныппырх кæны, уый, дам, фæстæмæ хæлардзинад хъуа- мæ сæндидзын кæна, - афтæ фæзæгъынц зондджын адæм. Фæ- лæ уал уæдмæ зындоны цардæй цæры нæ поэт. Фæразын æмæ быхсын хъæуы, фæлæ зæрдæ æнæрæнцой у, йæ адæмы сомбоныл, йæ райгуырæн зæххыл сæрибар, хæдбар цард сæндидзыныл хъуыдыгæнгæ æрвиты йæ бонтæ Серго. Йе ’вдай азы дæр йæхирдыгæй фесты æмæ йæ рухс бæллицтæ цы сæххæст уой, уый йын зæгъы мæ зæрдæ... 2010 аз Зынгæ ирон поэт Плиты Грисæн ис поэмæ «Авд цухъхъайы». Уым дзырд цæуы Гæздæнты авд зынгхуыст æфсымæры хъæба- тыр цард æмæ тохы фæдыл. Поэт æфсымæрты цард æмæ мæлæт афтæ зæрдæхалæн ныхæстæй дзуры æмæ цыфæнды дурзæрдæ адæймаг дæр йæ цæссыг нæ бауромдзæн. Æмæ ма ацы поэмæйы радиоалæвæрдмæ чи байхъуыста, уымæн, æвæццæгæн, мæнау йæ цæрæнбонты йæ зæрдæйæ нæ сæфтдзысты уыцы сагъæссаг музыкæйы зæлтæ. Афтæ у - лæг амæлы, ном баззайы, хъæбатыр лæджы, намыс- джын лæджы ном баззайы адæмты зæрдæты цæргæйæ. Баз- зад Гæздæнты лæппуты сыгъдæг ном æрдхæрæйнагæй. Æхсай фондз азы рацыд Фыдыбæстæйон Стыр хæстæй фæстæмæ, фæ- лæ æнустæм дæр нæ ахуысдзæн сæ рухс ном. Хъæбатыртæ, дам, къæсы райгуырынц, афтæ фæзæгъынц. Æз федтон уыцы къæс фондз æмæ ссæдз азы размæ. Иæ фыдыбæстæ, йæ райгуырæн къуым, йæ адæмы ахæм хуымæтæг хæдзары би- нонты ’хсæн хъомыл гуырдтæ зæрдиагæйдæр фæуарзынц. Зымæг уыд, 1986 азы февралы мæй, Ручъы тъуннел нырма кæронмæ арæзт нæма уыд æмæ æнæ «пропускæй» Дзæуджы-
хъæумæ ууылты никæй уагътой. Уæды обкомы фыццаг секре- тарь Санахъоты Феликсы мад, журналист Бахтадзе Тинайæн загътон, Гæздæнты авд æфсымæры тыххæй мæ æрмæг хъæуы æмæ куыд афтдзынæн фалæмæ, уымæн ницы зонын, зæгъын. Уый, дам, дын мæ быгъдуан уæд, æмæ мын, æцæгдæр, баххуыс кодта. «Виллис» машинæ дæр рацагуырдта, фоторепортер дæр æмæ ацыдыстæм. Фæндаг, æнæуыйдæр, зындзæуæн, дзыхъхъытæ-къуыппы- тæ, зымæджы карзы та - ноджы фыддæр. Куыддæрты схæццæ стæм Рукъмæ. Тъуннелы цур æрхызтыстæм æмæ, мидæмæ куы бакастæн, уæд, аздæхæм, зæгъын, фæстæмæ, загътон. Фыдбы- лызы бахаудзыстæм, - ахъуыды кодтон. Тинæ уым кусджытимæ аныхæстæ кодта. Арахъхъы авг æмæ сын хызыны цыдæр хæри- нæгтæ сæ къухы фæсагъта æмæ, дам, - цæугæ. Тъуннелы мидæг та царæй, къултæй дон сæх-сæх кæны æмæ уым дæлæмæ къада- тæ уайынц. Кусджытæ нын аххуыс кодтой, машинæйы цæлхыты бын фæйнæджытæ авæрдтой æмæ куыддæрты тъуннелæн йæ иннæ кæронæй рухс æрбакалд - аирвæзтыстæм. Иугæр аирвæзтыс- тæм, уæд фалæмæ фæндаг фæхуыздæр. Дзуарыхъæумæ фæзилæны цур саударæг мад æмæ авд хъри- хъуппы скульптурон цырты цурмæ куы бахæццæ стæм, уæд Ти- нæ афтæ: «Ацы цырты автор цхинвайлаг у - Санахъотæй. Нырма уал уыимæ базонгæ уæм, фылдæр зонæнтæ дæм бафтдзæн авд æфсымæры тыххæй. Ныццыдыстæм Дзæуджыхъæумæ. Джиоты Алимы фæрцы бацагуырдтам скульптор Санахъоты Сергейы, йе ’рмадзы кусгæ йæ баййæфтам. Тынг зæрдиагæй нæ айста. Не ’рцыды аххосаг ын куы загътам, уæд иуæй-иутау мадзурайæ нæ равдыста йæхи. Афтæ бирæ цымыдисон хабæрттæ нын фæ- дзырдта æмæ, куы ’рыздæхтæн Цхинвалмæ, уæд ын йæхиуыл дæр очерк ныммыхуыр кодтон газеты йæ конд скульптурæты нывтимæ. Гæздæнты хæдзар фенын нæ фæнды, зæгъын, куы загътон, уæд нæ фæзивæг кодта. - Кæд нæ тагъд кæнут, уæд цомут æмæ сын фенæм сæ къæс. Сæ цырты истори дæр уын радзурдзынæн. Баздæхтыстæм Дзуарыхъæумæ. Фæрсгæ-фæрсгæ ссардтам уынг, хæдзар... Кæртмæ куы бахызтыстæм, уæд нæм иу сылгоймаг ракаст. Ба- фарстам æй:
- Ай Гæздæнты хæдзар у? Сылгоймаг йæ хуыз аивта. Цыдæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд нæ фендæй æмæ бахъуыр-хъуыр кодта: - Мæнæ ай уыд сæ хæдзар. Æз æй раджы балхæдтон... Иудзæв- гар дзы фæцардыстæм, стæй нал бæззыд æмæ мæнæ йæ цуры ног хæдзар самадтам. - Гæнæн ис, фенæм хæдзар? - бахатыдтæн та йæм мæхæдæг. - Рахизут, - цыдæр тарстхуызæй та загъта ус. Æртæкъæпхæн асиныл схызтыстæм. Раззагхатæны астæрдыл хос калд, сæныччытæ хосыл хуыссынц, фосы тæф... Иннæ уатмæ бахызтыстæм, ам къулы цур - пец, æртыккаг уат - афтид. Цæй цухъхъайы кой кæныс, Грис, цæй нывты кой? Немæ цы фæндаггæгтæ ахастам, уыдон систам - хæбизджын, арахъхъ, фых дзидзайы кæрдихтæ, уыдонæй рухс загътам авд æфсымæрæн, сæ ныййарджытæн, афтæ лæугæйæ. Фæстагмæ сыл- гоймаг йæхи æрæмбæрста, ирон æгъдау йæ зæрдыл æрлæууыд æмæ нæ сæхи хæдзармæ бахуыдта, бандæттæ нын æрæвæрдта, фынгыл дæр нæхи æрхæссæггæгтæ авæрдтам, йæхæдæг дæр ма сæм цыдæртæ афтыдта. Иу зæронд лæг - сæ сыхаг, Кокайты Васил, дам, дæн, йæхи нын бацамыдта, æрбадт фынджы цур. Куы йæ базыдта, чи стæм, цæй фæдыл æрцыдыстæм, уæд нын фæарфæтæ кодта, хорз хъуыддаджы фæдыл æрцыдыстут, сыма- хæн, дам, стыр фынг æрæвæрын хъæуы, фæлæ æнæхицау, иунæг лæг дæн, хъæды халонау иунæгæй баззадтæн, 29-æмы баныгæд- тон мæ бинонты, мæ хуртæ, хатыр, дам, мын бакæнут. Бузныг загътам фысымæн æмæ рацыдыстæм. Фысым ус Фа- тимæ нæ тарстхуызæй фæрсы: - Ныр куыд, хæдзар байсдзысты? Мæ рæстæджы лæппуты мад æгас нал уыд... Йæ чызг Эллæ фæцырд: - Куыд нæ, æз хъуыды кæнын зæронд усы... - Тæрсгæ ма кæнут, ахæмтæй махмæ ницы хауы, - басабыр æй кодтон æз. Фæндагыл нын Сергей радзырдта «Мад æмæ хърихъуппыты» истори: - Иу бон мæм ЦК-йы фыццаг секретарь Хъæбæлойы фырт фæдзырдта йæхимæ æмæ мын афтæ зæгъы: «Сергей, ацу æмæ, Дзуары хъæумæ фæзилæны цы цырт лæууы, уый бабæрæг кæн, æмæ мын рахабар кæн, цы уавæры ис, уый».
Рацыдтæн горæтæй æмæ Дзуарыхъæуы цур фæндагыл иу цæджындзгондыл авд чысыл тырыса фидаргондæй, æндæр дзы никуы ницы уыд. Дыккаг райсом радзырдтон секретарæн, цы федтон, уый. - Куыд дæм кæсы, уæдæ дæ цæмæн арвыстон? Махыл афтæ фидауы? Иу хæдзарæй авд хъæбатыры сæ удтæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй рауæлдай кодтой, мах та сын мацы скад кæ- нæм? Цы джидзæггаг митæ сты уыдæттæ? Ахъуыды кæн æмæ, куыд æмбæлы, ахæм проект бакус æмæ йæ ’рбавдис. Иу мæй фæхъуыды кодтон, æмæ мæ цахæм фæндыд, ахæмæй мæ къухы ницы æфтыд. Иу бон куыстæй фæлладæй æрбацыд- дæн хæдзармæ. Æрбадтæн æмæ радиойыл схæцыдтæн. Рай- хъуыст Френкелы музыкæ Расул Гамзатовы æмдзæвгæйыл фыст: «Мне кажется порою, что солдаты, С кровавых не пришедшие полей, Не в землю эту полегли когда-то, А превратились в белых журавлей». Æмæ мæ сæры рухс хъуыды ферттывта. Ахызтæн мæ кусæн тæрхы цурмæ. Тæрхыл мын пластилин æдзух вæййы. Райстон æй æмæ дзы авд хърихъуппы æмæ мады фæлгонц сарæзтон. Ба- дзырдтон райсомæй Хъæбæлойы фыртмæ телефонæй. Ис мæм, зæгъын, цы мын бахæс кодтай, уымæн мæ хъуыды. «Тæккæ ам куыд фестай, бюро уадзæм æмæ æххæст уыцы фарстыл дæр æр- дзурдзыстæм», - загъта мын фидарæй. Ацыдтæн. Байхъуыстой мын мæ хъуыдымæ. Астæй уыдысты. Авдæй мын радтой хъæлæс. Иу дзы цыдæр фиппаинæгтæ загъта, фæлæ аскъуыддзаг: хъуамæ сырæза. Сарæзтой сметæ, рахицæн кодтой æрмæг æмæ райдыдтон кусын. Хабар хъæубæстæ куы бамбæрстой, уæд сæ цинæн кæрон нал уыд. Уый хъуамæ уæхи цæстæй федтаиккат, куыд мын æххуыс кодтой хъæуы фæсивæд, нæ цурæй нал цыдысты. Хæдзарон æфсинтæ нæм алыбон рад- гай хастой хæбизджынтæ, карк къуыдырвыхæй, арахъхъ. Лæп- путæ-иу уæлейæ куы ауыдтой сылгоймæгты æд тæбæгътæ, уæд хъæр кодтой: «Уæ къухтæ ныхсут, тæвд хæбизджынтæ та æр- бахæссынц!». Цалынмæ мæ Френкелы музыкæ æмæ Гамзатовы æмдзæвгæ фервæзын кодтаиккой, уæдмæ бирæ фæагуырдтон æрмæг, фæ-
зылдтæн музейты, архивты. Ницæуыл фæхæст дæн, нæдæр - сæ фыстæджытыл, нæдæр - исты материалон æрмæгыл. Музейы ис æфсымæрты нывтæ, фæлæ уыдон оригиналтæ не сты. Ни- цы, бынтондæр ницы бафтыд мæ къухты: нæ - дзаума, нæ - фыс- тæг. Ацы хæдзар дæр уынут, цы уавæры ис. Цыма Гæздæнтæй ам никуы ничи уыд, никуы ничи цард, - хъынцъымгæнгæ загъта Сергей. - Сæ байзæддагæй никæй зоныс? - бафарстон æй æз. - Зонут, авд æфсымæрæн ма дыууæ хойы дæр уыд. Уыдон дæр нал сты. Сæ иуæн чызг ис, дохтыр у, кæцыдæр рынчындоны кусы, фæлæ уымæ дæр æрмæг ницы разынд. Æрмæст, йæ мадæй цы фехъуыста лæппуты тыххæй, уый мын радзырдта. Изæр нын кодта, зымæгон бон цыбыр у æмæ афтæ бадзырд- там: иу цыд ма хъуамæ акæнæм æмæ уыцы сылгоймаджы дæр фенæм. «Хърихъуппыты» цур нын фоторепортер Гусойты Лен- гиор нывтæ систа æмæ рацыдыстæм. Марты мæйы та ныццы- дыстæм æмæ ацагуырдтам Гæздæнты байзæддаджы (хъыгагæн мæ йæ ном ферох). Цы нын рахабар кодта, уыдон ныффыстон фыссæн чиныджы. Цард Дзуарыхъæуы зæхкусæг лæг Гæздæнты Асæхмæт. Ре- волюцийы агъоммæ мæгуыр, æнæзæхх уыд, фæлæ революцийы фæстæ, цард кæй фæхуыздæр, уый ацы бинонтыл дæр фæзынд. Куыстой йæ цардæмбалимæ æмæ фараст сывæллоны дæр схъо- мыл кодтой - авд лæппу æмæ дыууæ чызджы. Лæппутæ - амæй- ай хуыздæр, зондджын, кусаг, ахуырмæ - рæвдз. Æмæ бинонтæ куы фæцæрдхъом сты, уæд дыккаг дунеон хæст дæр райдыдта. Лæппутæ уæдмæ байрæзтысты. Хистæртæ уæлдæр ахуыр фе- сты æмæ сæ алчи йæхи дæсныйадыл куыста, фæллой кодта. Æфсымæртæй сæ иу - Мæхæмæт тракторыл куыста. Хæсты хъæр куыддæр фехъуыст, афтæ ныууагъта йæ хуымгæнд æрдæгыл æмæ ацыд знаджы ныхмæ хæцынмæ. Йæ хæдфæстæ Дзæрæхмæт дæр ацыд - уый та хъæусоветы сæрдары куыст ныууагъта, мæ сæр, дам, уым, тохы быдыры тынгдæр хъæуы, зæгъгæ. Æртыккаг æфсымæр Махарбег - пединститут каст чи фæцис æмæ хъæуы сывæллæттæн мадæлон æвзаг чи амыдта, уый дæр йæ уарзон куыст ныууагъта, йе скъолайæн, сывæллæттæн хæрз- бон загъта æмæ йæ хистæр æфсымæрты фæд-фæд атындзыдта. Хæст карзæй-карздæр кодта. Фыстæг фыссынмæ дæр ма кæй æвдæлд хæсты быдыры, æмæ ныййарджыты мæт, сагъæстæн
дæр нал уыд кæрон. Стæй иу бон Гæздæнты хæдзармæ фыццаг фыстæг, хорз хабархæссæг фыстæг æрбахаста постхæссæг. Уæд Севастополы тугкалæн, удуæлдай тох цыд. Ам æфсымæртæй дыууæ - Хаджисмел æмæ Махарбег кæрæдзийыл фембæлдысты. Сæ цинæн кæрон нал уыд æмæ ныффыстой ныййарджытæм: «Иумæ стæм, ма тæрсут, знаджы тагъд фæтæрдзыстæм æмæ уæлахизæй æрыздæхдзыстæм», зæгъгæ. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста - чизоны, ныййарджытæ фыс- тæг нæма райстой, афтæ æфсымæртæ сæ дыууæ дæр Севастопо- лы зæххыл хъæбатыр тохы фæмардысты. Чысыл рæстæг та нæ рацыд æмæ... Сау гæххæтт сау хабар æрхаста Гæздæнтæм æмæ мады ни- уынмæ ныррызтысты арв æмæ зæхх. Лæппутæй ма хæдзары чи уыд, уыдонмæ сидын нал ба- хъуыд - ацыдысты Шамил æмæ Созыр дæр. Кæстæр Хасанбег нырма скъолайы ахуыр кодта, æфсадмæ ацæуыны рæстæг ын нæма уыд, фæлæ уый дæр нал ныллæууыд - куы æрыздæхон, уæд, дам, адарддæр кæндзынæн мæ ахуыр. Æрыздæхдзынæн, дам, афтæ уырныдта 16-аздзыд лæппуйы. Мад æмæ фыды дæр уырныдта. Фæлæ та хæсты бардуаг нæ бахъахъхъæдта æхсæз æфсымæрæн сæ кæстæры дæр. Дард, Дзуарыхъæуæй тынг дард, знаджы зæххыл аскъуыд Гæздæнты фæстаг хæстоны æвзонг уд. Авд æфсымæры легендарон цард æмæ мæлæты фæдыл йæ рæстæджы бирæ фæфыстæуыд газетты, журналты, литературон уацмыстæ дæр сфæлдыстой поэттæ, скульптурон цырт дæр кæй лæууы сæ райгуырæн зæххыл, уый дæр зонæм. Æмæ алцы дæр æнæмæнгхъæуæг уыд - хъайтары ном фæлтæрæй-фæлтæрмæ рухсæй хъуамæ цæуа. 10.02.2010 Ш ШСЛШ, Ш Я®ÆМ УЯФЗТЖЙЖ Поэт Плиты Ильяйыл сæххæст 100 азы. Рæстæг базырджын у - тагъд тæхы, фæлæ сæдæ азы уæддæр æнус хуыйны æмæ адæймаг бирæ цымыдисон цауты æвдисæн у. Ильяйыл 60 азы куы сæххæст, уæд ыл фыстон: цæры Цхинвалы, у иугъæдон лæг,
сæдæгай йæхихуызæттау алы райсом тагъд къахдзæфтæй фæ- цæйтындзы куыстмæ æмæ ницæмæй здахы йæхимæ фембæл- джыты хъусдард. Ис ахæм адæймæгтæ, се ’ддаг бакастæй никæй цæст скъæфынц сæхимæ, уыйхыгъд, удыхъæдæй сты сыгъдæг, æнæхъинцъæй æмæ зæрдиагæй архайынц сæ адæм, сæ бæстæ- йы хæрзиуæгæн. Ныр уыцы бонæй рацыд цыппор азы. Мæнмæ та афтæ кæсы, цыма знон уыд - Илья мæ разы цардæгасæй лæууы æмæ мæ мидбылхудгæйæ фæрсы: «Мери, уæдæ ме ’мдзæвгæтæ тæлма- цæй хуыздæр рауадысты, зæгъыс, нæ?!» - Ильяйы æмдзæвгæтæн дæлрæнхъон тæлмац сарæзтон æмæ сæ поэт Морис Поцхишвили афтæ зæрдæмæхъаргæ раивта, æмæ сæ абоны онг дæр хъуыды кæнын. Чиныг рацыд нæхи рауагъдады. Редактор та йын уыд- тæн мæхæдæг. Плиты Ильяйы поэтикон сфæлдыстад ирон литературæйы йæ патриотон пафосæй, йæ хуымæтæг æмæ зæрдылбадаринаг хуызтæй сæхи сæрмагонд бынат ахсынц. Æмæ цалынмæ сæ автор уыцы бынатмæ схызтаид, уæдмæ дзæвгар фыдæбæттæ бавзæрс- та, бирæ гуыргъахъ фæндæгтыл фæцыд. Илья нæ хауы уыцы фысджытæм, кæцыты цард рæвдыдта æппынæдзух. Райгуырд 1913 азы Дзауы, йæ мады æрвадæлтæм. Кæд йæ фыд чирцъи- найаг уыд, уæддæр сывæллонæн йæ хъысмæт афтæ рауад - йæ фыды йын 1914 азы акодтой æфсадмæ. Йæ мадæн æндæр фæрæз нæ уыд, æмæ æд сывæллæттæ ацыд йæ цæгатмæ. Цып- пар азы фæстæ Ильяйы фыд Къоста æрыздæхт æфсадæй, фæлæ сæ сæ цæрæнбынатæй меньшевикты æрбабырсты аххосæй бахъуыд алидзын. Æндæр лигъдонтимæ ахыз\гысты Зикъара- йы æфцæгыл. Елхоты æрцардысты иу идæдз сылгоймаджы хæдзары. Сидзæргæс ус сын йæ къæбæр дих кодта, фæлæ рæс- тæг афтæ зындзард уыд, æмæ сæбахъуыд фæстæмæ рацæуын. 1921 азы æрыздэехтысты сæ райгуырæн къуыммæ. Ам та сæ хæдзар - сыгъд... Йæ мады æфсымæртæй иу уым - Ногиры, баз- зад, чи та дзы амард холерæйæ. Уыцы зын уавæрты курæггаг галтæй Къоста цыдæртæ архайдта йæ каисты зæххытыл, фæлæ ницæуыл æххæссыд æмæ 1926 азы æд бинонтæ цæрынмæ ацыд Тбилисмæ. Уым Къоста кусын райдыдта трамвайтæаразæн пар- чы. Ильяйы та бакодтой ирон фæллойадон скъоламæ. Тбилисы скъола куы фæцис, уæд æй ахуыргæнæгæй арвыстой Дзимыры райдиан скъоламæ. Дыууæ азы дзы бакуыста, стæй йæ ахуыр
адарддæр кодта Тбилисы ирон педагогон техникумы. Ам ын уыд æцæг ирон, æгъдауджын æмæ кадджын ахуыргæнджытæ Са- нахъоты Мате, Плиты Мария æмæ Гаглойты Азæ. Азæ, дам, афтæ зæрдиагæй аудыдта техникумы ахуыргæнинæгтыл, афтæ, дам, сын бауарзын кодта ирон æвзаг æмæ литературæ, æмæ, дам, се ’ппæт дæр истой æмæ кастысты газет «Хурзæрин» æмæ журнал «Фидиуæг». Ахуыргæнæндоны Азæ йæхи хъæппæрисæй бакодта литературон къордтæ. Къордтæм цы студенттæ цыд, уыдонæй иу уыд Илья. Уый-иу арæх йе ’мдзæвгæтæй бакаст къорды хайадисджытæн, сæ зæрдæмæ цыдысты, дыууæ дзы «Уалдзæг» æмæ «Колхозон зарæг» газет «Хурзæрин»-ы мыхуырæй дæр ра- цыдысты. Ууыл Илья бацин кодта æмæ æмдзæвгæтæ фыссынмæ аздæхта фылдæр хъусдард. Техникум каст фæцис 1935 азы æмæ йæ кусынмæ арвыстой Тетрицхъаройы районмæ. Куыста, райо- ны цы ирон скьолатæ уыд, уыдонæй цалдæры. 1937 азы Илья æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ ахуырмæ ба- цыд Цхинвалы дыууæазон ахуыргæнджыты институтмæ. Ам базонгæ ис, рагæй кæй нæмттæ хъуыста, кæй фенынмæ бæллыд, уыцы ирон разагъта лæгтимæ - Тыбылты Алыксандр æмæ Хъо- цыты Бидзинаимæ. Хъыгагæн, уыцы ног ахуыры азы уыдонæн иу мæй дæр нал бантыст кусын. Ам ма базонгæ ирон фысджытæ Хъуылаты Созырыхъо, Беджызаты Чермен, Фæрниаты Къоста æмæ Гæззаты Сосланимæ. Уый Ильяйæн уыд йæ царды хуыздæр рæстæг. Фæлæ фæрынчын æмæ уыйадыл йæ ахуыр ныууагъ- та. Кодта ма сфæлдыстадон куыст. Хуссар Ирыстоны зонад-ир- тасæн институты бахæсмæ гæсгæ æмбырд кодта фольклорон æрмæджытæ. Фыста æмдзæвгæтæ, поэмæтæ. 1941 азы рацыд Ильяйы фыццаг чиныг «Сæуæхсид». 1942 азы Илья кусын райдыдта Цхинвалы районы Белоты скъолайы директорæй, фæстæдæр та куыста Дампъалеты скъо- лайы. Уыцы рæстæджы уыдис Цхинвалы районы куынæггæнæг батальоны хæстон. Хъахъхъæдтой Гнугъы æфцджыты. Хæст куы фæцис, уæд, 1946 азæй куыста Дзауы районон газеты редакто- рæй. Уырдыгæй йæ 1950 азы ракодтой журнал «Фидиуæджы» редакторы бынатмæ. Фæкуыста дзы цыппар азы æмæ стæй та - рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй. Ам ноджы уæхскуæзæйдæр райдыдта кусын. Йæ фæлтæрддзинад, йæ зонындзинæдтæ ни- кæмæн хæлæг кодта. Йæхи сæрмагонд поэтикон уацмыстæ
сфэелдисынæй дарддæр ма тæлмац дæр кодта иронмæ, раивта Тарас Шевченкойы, Михаил Шолоховы æмæ æндæрты уацмыстæ. Илья цæстуарзон хуын бахаста ирон литературæйы къæбиц- мæ. Йæ чингуытæ «Райгуырæн бæстæ» (1951), «Æмдзæвгæтæ» (1952), «Æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ» (1954), «Салам сывæл- лæттæн» (1956), уацау «Сырх тырыса» (1959), «Ирыстоны рай- сом» (1961), «Æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ» (1964), уацау «Бал- цы зарæг» (1968), «Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ» (1970), «Салам, ныхас» (1973) æмæ æндæртæ ирон чиныгкæсæгæн лæвæрдтой æхцондзинад. Сфæлдыстадон кусæг прозæйы жанры уа æви по- эзийы - парахат зæрдæйы хицау хъуамæ уа. Æнæисты домгæ уарза йæ адæм, йæ бæстæйы, йæ райгуырæн къуым, йæ рыст æмæ йын йæ цин æнкъара зæрдæбынæй. Кæд ын йæ фыссинаг йе ’нцойад нæ халы, йæ фынæй йын нæ сафы, уæд цыфæнды рæ- сугъд рифмæтæ бацагура, цыфæнды цымыдисон темæйыл дзу- ра - уацмысы мидæг цæссыг сæуæхсиды æртахау куынæ æртти- ва, уæд уазал рауайдзæн æмæ нæ бахъарм кæндзæн чиньь кæсæджы зæрдæ. Илья йæ райгуырæн къуым, Фыдыбæстæ æцæг уарзтæй кæй уарзта, уый зыны йе сфæлдыстадон куыстыл. «Дуртæ, Мæ фыдæлты дуртæ: Саутæ, цъæхтæ Æмæ буртæ... Чи дзы нæмыгдзæфу, Чита хурмæ Йæ рагон хуыз Сивта. Дуртæ, Нæ мæсгуыты дуртæ, Раст, цымаурс фосы дзугтæ Цъæх фæзы ривæд æркодтой. Знæгты сæ зæххы ’мвæз скодтой». Афтæ мæм кæсы, чиныгкæсæг дæр сразы уыдзæн мæ хъуыдыи- мæ - ацы арф, мидисджын æмæ рисгæ, хъарм æнкъарæнтæй йе- мыдзаг дзырдтæ кæрæдзийыл цыма сасмæй ныхæст сты æмæ дын дæ разы ирдæй æвдисынц нæ фидар мæсгуытæй кæддæр
знаджы æгъатыр къухæй ракалгæ дуртæн сæ хуыз, сæ катайаг хуызтæ. Дæ зæрдæйы цæстæй уыныс нæ рагфыдæлты цард, сæ тох, сæрибардзинад бахъахъхъæныны фæдыл удуæлдай хæсты ныв. Ахæм бауырнинаг æмæ ирд хуызтæй арæзт сты æмдзæвгæтæ «Дæ бæстæ хъуамæ уарзай», «Ир, дæ арвы бын райгуырдтæн», «Фæнды мæ мæн, фæнды» æмæ афтæ дарддæр. «Ир, дæ арвы бын райгуырдтæн Æмæ байрæзтæн æз, У дæ фæдзæхст: «Нæ сахъ фырттæн Ды фæдисонæн бæзз!». Искуыуый æнхъæл чиуыдис, - Афтæ амондджынуон, - Арф мæм бахъара Иры рис, Уас, йæ фæхъхъау фæуон!». Ильяйы сфæлдыстад, йæ дуджы цардыл дзурæг у, æмæ, куыд фысджытæн сæ фылдæр хай, афтæ уый дæр алыбонон цардуа- гыл зары æмæ хуыздæрмæ тырны. Советон дуджы поэтæн сфæлдыстадон тематикæ уыд сæрибар цардыл зарын. Æмæ ацы сæрибар царды сæрыл тохы чи бабын, уыцы зынгзæрдæ революционертыл - Санахъоты Серо, Козаты Разден æмæ æндæртыл рæстудæй фыста поэт, сæ рухс ном сын хъарм ныхæстæй ары. Уыдонæн сæ тохы нысан сæрибардзинад, кусæг адæмы хуыздæр сомбоныл уыд. Æмæ ныр бафтыд къух- ты уыцы стыр бæллиц. Сæххæст æмæ поэт дæр цины зарджытэб нывæста: «Æгас цæуæд Советон хицауад! Ура! Расидти цинаг æмбырды. Уадз, æмæ ног хур хъæлæсыдзаг худа Хуссар Ирыстоны къуымты! Адæймаджы сконд афтæ у - тырны æппынæдзух хуыз- дæрмæ. Социалистон цардарæзт æвзæр нæ уыд, фæлæ йæхи къуыхцытæ ам дæр уыд. Æнæрæстдзинæдтæ, гуымир ахасты- тæн уыд бынат. Ильяйæн йæ бон куыд уыд, зонынад æмæ йæ хъару куыд амыдтой, афтæ лæггад кодта дугæн, йæ адæмæн æмæ ирон литературæйæн. 2013 аз
тъмг хосрз лæшу «Зыну цæрын. Зæххыл рæстдзинад нæй». Дж.Ш. Шамил!.. Цард уысмгай у. Уæдæ адæймаг дæр, æвæццæгæн, уымæн архайы удаистæй, цæмæй йæ бон цас у, уымæй фылдæр ратона рæстæгæй, алы уысмæй дæр спайда кæна. Чи куыд æмæ цæй охыл тох кæны рæстæгимæ, цардимæ? Иутæ æрмæст хисæрмагонд цард нывыл саразой, искæмæй фылдæр мулк бафта сæ къухы, иннæтæй æфсæстдæр уой, ууыл скъуынынц сæ уды быцъынæг. Ацы зондыл лæугæтæ æгæр бирæ дæр ма сты. Ис ахæм удгоймæгтæ дæр, кæцыты хи уды кой уыйбæрц не ’ндавы, сæ алыварс уæвæг адæмыл цас хъуыды кæнынц. Алы уысм дæр æрмæстуымæ тырнынц - искæмæн цы хорзы бацæуой, йæ къух кæмæн куыд фæрогдæр кæной, æхсæнады цард цæмæй рафидауын кæной. Иудзырдæй, сæ адæм, сæ райгуырæн бæстæ- йы хуыздæр сомбоныл архайгæйæ æрвитынц сæ царды бонтæ. Хъыгагæн, ахæмтæ къаддæр сты. Фæлæ дæ цы фæнды, адæм се ’ддагон бакастæй куыд хицæн кæнынц, афтæ сæ хъуыдымбарынад, сæ зæрдæйы сконд, сæ зонд- ахастæй дæр æндæр æмæ æндæрхуызæттæ сты. Æз ногæй ницы зæгъын, уый афтæ уыд æмæ афтæ у. Мæн уый зæгъын фæнды, адæмы хæрзиуæгæн чи фыдæбон кæны, уый Хуыцауы æмæ адæмы хорзæхæй хайджын вæййы æмæ, мæнмæ гæсгæ, лæгæн уымæй стырдæр исад ницы пайда у. Ацы сагъæс раджы фыст у, æвæццæгæн 10-12 азы дæр рацыд уæдæй нырмæ. Раст зæгъгæйæ йыл, ныр куы фæхæст дæн, æмæ йæм лæмбынæг куы æркастæн, уæд дзы бирæ цыдæртæ акалд- тон, иучысыл та йæм æфтаугæ бакодтон. Йæ рæстæгыл æй йæ тæвдыл фысгæ ныккодтон, фæлæ дæм æй нæ фæхæццæ кодтон. Цæмæн, куы фæрсай, уæд мæ ныфс нал бахастон - æфсæрмы æмæ мæ бæрндзинады æнкъарæн сбастой, æмæ баззади. Ныр дæр фыссын æмæ дызæрдыг кæнын - хъæуы æви нæ? Цæй, кæд мæ куыд фæнды, ахæм æмвæзадыл нæ уайы, уæд дын зиан дæр цас ракæндзæн?.. ^^с^^^ 497 ^х^^З^©*
Уæдæ ды хорз лæппу кæй уыдтæ, уый æз рагæй хъуыстон. Фæстæдæр ирон литературон дунеимæ æввахсдæр куы базонгæ дæн, мæхи мадæлон æвзагыл фылдæр куы райдыдтон кæсын, уæд дын дæ аивадон сфæлдыстадимæ дæр фылдæр базонгæ дæн. Кастæн дын дæ куыстытæ журналты, газетты. Абон дæр мæм дзы цы æрбафты, уыдон цымыдисæй æмæ зæрдиагæй фæкæсын, дыууæ-æртæ хатты дæр. Æмæ мæхинымæры батæхуды кæнын: «Дæ хуызæттæ нæм фылдæр куы уаиккой, уæд, чи зоны, цард афтæ зын нæ уаид». Фæлæ тъизын дæр цас лæгдзинад у, фараст фырты мад пад- дзахæн афтæ куыд загъта - иу, дам, мын куы уыдаид æмæ дæ хуызæн, уыйау, бирæ æгуыдзæджы бæсты иу хуыздæр! Хорз гуырдтæ дæр нæм куыднæ ис æмæ ды уыдоны ’хсæн дæхи сæр- магонд бынат кæй ахсыс, уый дын, æвæццæгæн, де ’мсисонтæ дæр фæзæгъынц. Де сфæлдыстадон куыстытæй зæрдæрайгæ чи- ныгкæсæг æмæ сценæмæкæсæг дæр дæ хъарм ныхасæй куыднæ барæвдауы æмæ уый кæуылты хъуыддаг у! «Фидиуæджы» дыл Хозиты Барис цы гуырахстджын уац ным- мыхуыр кодта дæ 70 азы юбилейон бонмæ, уый бакастæн. Уым кæсæны кæсæгау зынынц дæ бирæ азты удуæлдай куысты фæс- тиуджытæ, де сфæлдыстады алы миниуæг, алы рахæцæнтыл дæр биноныг æрдзырдта. Дæ «монон мæсгуытæ» дын дырысæй рафæлгъуыдта. Дæ поэзи, прозæ, драматурги дын чи нæ зоны, ахæм стæм уыдзæн, фæлæ дзы кæд исчи ахæм разына, уæд æрмæст Барисы уац куы бакæса, уæд дæр ын æмбæрстгонд уы- дзæн ахæм фæллæйтты хицау хорз лæппу кæй у, уый. Уац дзурæг у - ды дæ уд кæй рауæлдай кодтай дæ бæстæ, дæ адæм, де ’взаг, дæ ирон фарны сæрвæлтау. Уый кæй у дæ царды нысан æмæ йæм кæй цæуыс ныфсджынæй, æнæфæцудгæ. Цæуыс æмæ гæнах гæнахы фæстæ бацахсыс. Стæй, уый фæстæ дис кæныс, маст кæныс - цæмæн, дам, мæм хæлæг кæнынц «фыдгулау дæ цæмæн марынц агъуыд адæм хурхæй...». Дис ма кæн - бонæн йæ фæстагмæ, ирон зонад æмæ аивады тыгъдады æппындæр куыницы равдыстаис, уæддæр дæ царды фылдæр хай (40 азы!) ирон фæсивæды хъомылкæнын æмæ раст фæндагыл бафтауыныл дæ уд кæй хъарыс, уый дæр дын фаг уы- даид номæн æмæ... хæлæгы хосæн дæр. Мæт дæр ма кæн - хорз лæг æнæзнаг кæм федтай - нæдæр фидауы. Хорздзинадыл арæх бацъынд кæнынц адæмæн сæ фыл- @^о^/"498 -х^З^^
дæр сæ цæст, уыйхыгъд æфхæрыны охыл алцы сæ сæрмæ ба- хæссынц. Фæлæ рæстдзинад цыфæнды арф баныгæнай, уæддæр паддзах Мидасы хъусты æмбисондау ма уа, рацæй-рабон æмæ зæххы бынæй дæр ныззæлланг кæндзæн - «Шамил хорз лæппу у-у-у!..» Рæстдзинад комкоммæ кæй дзурыс алкæмæн - чинмæ æнæ- кæсгæ, уый дæр лæгдзинадыл дзурæг у. Æмæ ма дæ зæрдæйы рухс, сыгъдæг бæллицтæ бауырнинаг нывтæй, рæсугъд фæрд- гуыты халбастау зæгъгæйæ, адæймаджы уæнгты царды монц кæй бауадзынц, ууыл дзурын дæр нал хъæуы. Мæ ацы фыстæгæй зонадон-критикон анализ æрдомæн нæй - уыцы хæс æгæр уæззау у æмæ йæ мæхимæ нæ исын. Æрмæст дæ бафæрсон - цыма дын ничима загъта æгъуыстаджы кувын кæй зоныс? Афтæ хорз кувыс, афтæ зæрдæбынæй, æмæ цыфæнды дины аргъауæгæй дæр никуыма фехъуыстон. (Ды алы бон фар- ны фынгыл тамадайæ хъуамæ бадис). «0, Бурсамдзели,уыцы амонд радт, Куыдуæм сæрыстыр куыст æмæ æгъдауæй, Нæ дзырдæнуæд æрвон тых æмæ рад, Нæ цæсгом бахиз чъизи æмæ дауæй. 0, рухс Бардуаг, мæ кувинаг дын - барст, Бæзнæг хъугæмттæ макуы суæнт зæрæстон. Цæуæнт нæ зæххыл амонд æмæуарзт, Нæ Ирæн зарæд хъæлдзæгæй нæ хæстон». «Мæ куывд», 1992 Кувын хорз у, хорз дын радтæд Хуыцау, фæлæ, ой де ’лгъыст баййафа нæ фыдгулты! Ус саубыны зæронд бадæн æмæ ахæм судзгæ фыдæлгъыстытæ мæ цард-цæрæнбонты никуыма фе- хъуыстон. Æмæ чи зоны, æлгъыст дæр цæуаг у, а? Уæд уый дæр знаджы ныхмæ бабæздзæн. «Нæ Ирыл фыдвæндтимæ чи кæны даутæ, Уый дарæд æнусты йæ хуыздæртыл саутæ, Уый ихыл стонгæй куыдзы сæр фæхæрæд, Гъе, стæй йыл æд мыггаг æрцæуæд ахæрæт,
Нæ адæмыл чи цæуы знагау мæнгардæй, Хæдзарон нын чи кæны абон лæгмартæй, - Дæ бындур ныззилæд, дæ цар дыл æркæлæд, Фæндагыл дзæгъæлæй æрцæуæд дæ мæлæт. Нæ дзыллæйы чи кæны хицæнтæ, дихтæ - Кæнæд-иу дын сау сынт дæ игæр кæрдихтæ. Дывзагонæй чи халы махæн нæ сæрзæд Уый йе ’взагæй йæ скъæт цъылынау мæрзæд. Дæ хæдзар лæпирæт цæссыг æмæ тугæй, Лæдзæг æмæ авгæй фæхойутуæ сæртæ». «Æлгъыст», 29 август, 1994 Оммен, оммен, фæлæ мæ афтæ ма бамбар, æрмæст дæрзæ- джытæ фыст æмдзæвгæтæ кæсын уарзын. Нæ-æ, уæд мæ хъуы- дыйы нæ баззадаиккой ахæм рæнхъытæ: «Скастæн æз... Хæрзгæнæгæй мæ разы Лæууыдтæ ды - зæххон, - фæлæ цыдæр Æнахуыр рухс дæ зæды цæсгомуадзы, Уый нæу зæххон... Дæ цæстыты цæхæр Уыдуалдзыгон изæрмилтау фæлмæн Æмæуæздан...». «Регинæмæ», 30 март, 1963 Æмæ ма дын ноджы цы зæгъон: «Мæ цард уыди фыдæбон æмæ удхар», - фыссыс ды. «Æнæ- хъуаджы не сты дæ фыдæбон æмæ удхар», - зæгъын дын æз, зæ- ронд ус, зæрондмæ та хъусын хъæуы. Ныр та дæм цæмæн бадзырдтон, уый дын раргом кæнон. Мæнæ нæ тæккæ дудгæбонты рæстæджы мæм Калакæй æртæ адæймаджы фæуазæг. Уыдон Фысджыты цæдисы цур цы литера- турон æмахастыты æмæ аив тæлмацы коллеги уыд, уым куыстой æмæ змæстыты размæ ирон фольклоры æмбырдгонд бацæттæ
кодтам æз æмæ ирон секцийы хистæр Беппиты Найрæ. Редак- тор та нын Нафи уыд. Чиныг мыхуырмæ цæттæ уыд, редакто- ры къух æрфыссын ма йыл хъуыд, æндæр ницы. Мæ уазджытæ дын сæхи фæлæг кодтой - ома куыст уæгъды ма фæуа æмæ мæм æрхæццæ сты сæхи машинæйыл. Фæндагыл ахæм тас бавзæрс- той æмæ хорз уыд, мæ хæдзар тæккæ горæтмæ æрбахизæны ис æмæ æнцонæй æрбафтыдысты. Ахæмæй дзы ницы уыд, нæ лæп- путæ посты лæууыдысты æмæ сæ рафæрс-бафæрс систой, доку- менттæ басгæрстой, æндæр ницы. Фæлæ мын хидæн уыцы фарс нал ракуымдтой, уæд та, дам, исты, уæд фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы. (Уый ма мын нæ фаг кæны, зæгъын, фæлæ нæ ракуымд- той). Æз дæр сын сæ разы цыдæртæ авæрдтон, гаражы дуар сæх- гæдтон æмæ æрмæг мæхæдæг рахастон. Лæууын æд папкæ зонад-иртасæн институты фойейы æмæ Нафимæ æнхъæлмæ кæсын. Уæдмæ мæм иу æнæзонгæ аристо- крат нæлгоймаг æрбацыд, йæ къух мæм æрбадаргъ кодта æмæ мын хъæлдзæгæй, мидбылхудгæ афтæ: - Шамил дæн, Джыккайты, тынг хорз лæппу! Мæ къух æм авæрдтон, фæлæ афтæ стыхстæн æмæ йын исты сдзуапп кодтон æви нæ, нал æй хъуыды кæнын. Лæууын, цы зæгъон, уымæн ницы зонын æмæ уæдмæ Нафи дæр рахызт, æвæццæгæн афтæ фенхъæлдта, мах кæрæдзи зонæм æмæ уымæн иумæ лæууæм. Мæ цонгыл мын рахæцыд, цом, цæмæн мæм дзуры Беппион, уый хатын. Хатыр ракурын дæр нал фæцарæхстæн, афтæмæй бахызтыс- тæм йæ кабинетмæ. Иæ къух æрфыста Нафи æмæ æз ратагъд кодтон мæ уазджытæм. Афтæ, цы нæ æрцæуы адæймагыл. Уый фæстæ Нафийæн рад- зырдтон, афтæ мыл æрцыд, зæгъын, æз йемæ базонгæкæнын- мæ бæллыдтæн, сæмбæлдыстæм æнæнхъæлæджы æмæ æнæ- хъомылдзинад равдыстон. Фæхудти Нафи æмæ мын афтæ зæ- гъы: «Фысгæ, фысгæ! Ныффысс, алцыдæр цымыдисон вæййы». Нæ зонын. Ныффыстон æй, цы уыд æмæ куыд уыд. Стъолы лагъзы дæр бирæ фæлæууыд. Ныр æй раргом кодтон. Кæд ма уыцы хабар дæ зæрдыл лæууы, уæд мын ме ’нæрхъуыдыдзинад ныббар... Ю.05.2010
Р.5. Шамил! Уыйбæрц фæстæ-фæстæ фæкодтон, æмæ дæм нал фæхæццæ удæгасæй мæ хъæр... Иратаманы цы нæма æрцыд, ахæм æмбисонд нæ баййæфта. Афтæ удхайраг мæлæтæй куынæ амардаис æмæ нæ ницы хъуыд фæлтау. Цæрæнбонтæм дудаг рыстæй баззадтæ ирон адæмæн, ферохгæнæн цæмæй нæй, ахæм рыстæй. Ды дæ зонд, дæ зæрдæ, дæ тыхтæ - æппæт дæ цард дæ адæмæн куы снывонд кодтай, уæд ма дзы туг дæр хъуыд? Æвæццæгæн: цæмæй бæрзонддæр стахтаид дæ фæллад уд æмæ зæдты цур æрбынат кодтаид. «Йесо дзул райста, Хуыцауæн раарфæ кодта æмæ йæ уый фæстæ æрсаста, стæй йæ ахуыргæнинæгтæм алæвæрдта æмæ сын загъта: «Айсут æмæ хæрут. Ацы дзул нысан кæны мæ буар». Стæй та райста сæны къус. Уый тыххæй дæр Хуыцауæн бузныг загъта, алæвæрдта сæм æй æмæ сын загъта: «Уе ’ппæт дæр дзы бануазут, уымæн æмæ ацы сæн нысан кæны мæ туг - «бадзырды туг», æмæ ныккæлдзæн бирæты тыххæй, цæмæй сæ тæригъæд- тæ хатыргонд æрцæуой» (Матфей, 26, 27, 28]. Æмæ цыма дæ фыдудæй амарæгæн дæр ныххатыр кæндзæн Хуыцау ахæм æвирхъау тæригъæд? Нæ зонын, фæлæ мæ уырны: кæд зæххыл цæргæйæ рæстдзинады тыххæй удхар æмæ фыд- удæй æрвыстай дæ бонтæ, уæд уæларвон бæстæйы æрсабыр уы- дзæн дæ сыгъдæг уд æмæ дын уым уыдзæн сабыр цард. Уырдæм дæр дæм хæлæг кæндзысты, фæлæ æххæсгæ - нал! Рухсаг у! 2011 аз зът у мллът. .. Уарыд. Райсомæй райдыдта æртæхтæ кæнын æмæ, куыдфæстагмæ, иугæндзон нызгъæлста, бæлæстæн сæ цъæх-цъæхид дзаумæттæ лæмаринаг фесты. Нæ кабинеты фæрсаджы цур цы донхæрис бæлас уыд, уый æнæуыйдæр, мæрдджынау, иугæндзон кæуынгъуызæй лæууыд,
йæ цæнгтæ дæлæмæ, зæхмæ, сæхи ивæзтой, абон ноджы фыд- дæр фæци - æнæскъуыйгæ згъалы йæ цæссыг. Цал хатты загъта Гуыцмæзты Михал: «Ацы бæласæн йæ дæл- лаг къалиутæ уæддæр бахсæдæм, талынг, нæм дары». Кабине- ты бадæг иннæ лæппутæ - Рюрикитæ йæ нæ бауагътой - йæ рæсугъддзинад, дам, фесæфдзæн. Донхæрисы тала кæцæйдæр зонадон институты кусæг Пæррæстаты Олгъæ æрхаста чысыл уисы хуызæнæй, ныссагъта йæ æмæ схæцыд. Байрæзт, суанг дыккаг уæладзыгмæ схæццæ, Олгъæ та, мæгуыр, нал ис, цалдæр азы размæ йæ, хæдзармæ цæугæйæ, машинæ ныццавта æмæ фæ- мард... (Нал сты налдæр Рюрик, налдæр Михал...). Уары... Сихоры улæфт райдыдта, уæддæр не ’нцайы къæвда йæ сæх-сæхæй, йæхи хойы уæлхæдзары æмбæрзæныл æмæ уынгты дон лæсæнтæ кæны. Цы гæнæн ма уыд, иугай-дыгай къæлидормæ рахызтыстæм æмæ худæг ныхæстæй не ’ххормаг састам, чысыл ницæуыл дæр хъæрæй худтыстæм. Нæ цуры ма уыдысты «Фидиуæджы» редакци æмæ Фысджыты цæдис. Нæ хъæлæбамæ уыдонæй дæр чидæртæ рахызт, æрбаиу нæм сты æмæ ноджы фæхъæлдзæгдæр стæм. Афтæ худгæйæ, æртæ сахат райдыдта, сихоры улæфт фæци, къæвда дæр ныр фæсыкк, фæлæ нын хæдзармæ ацæуын нал рауадаид. Уыцы рæстæджы Фыс- джыты кабинеты дуары хъыррыст фæцыд æмæ дзы Гафезы урс сæр фæзынд. Уый æнхъæл нæ уыдыстæм, ай Гафез ам уыдаид æмæ иууылдæр фефсæрм стæм, афтæ хъæрæй кæй хъæлæба код- там, уый тыххæй. Æнкъард уыд Гафез. Йæ сæрæй нын акуывта æмæ Бестаумæ æрбадзырдта: - Гио, рауай-ма, лæппу! Бестау нæ фæхицæн æмæ йæм мидæмæ бахызт. Лæгтæ дæр иугай-дыгай сæхи байстой сæ кабинеттæм. Устытæ-ма алæууы- дыстæм, ныр сабыр хъæлæсæй нæ дзуринæгтæ балхынцъ код- там. Тагъд Гафез æмæ Бестау дæр рахызтысты кабинетæй. Гафе- зæн йæ рахиз къухы лæдзæг, галиуæй Бестауы цонгыл хæцыд, афтæмæй нæ рæзты уынгмæ ахызтысты. Гиуæргийæн дæр а фæстаг рæстæджыты йæ къах рысти, фæ- лæ йæ ницæмæ дардта, йæхигъæдæй, дам, кæд ацæуид. Стæй йæ рыст куы фæфыддæр, уæд бацыд дохтыртæм. Хъарм ваннæтæ йын снысан кодтой æмæ Гориджваримæ ацыд абанамæ, хос- кæнынмæ.
Уыцы аз «Нарты кадджытæ» гуырдзиагау хъуамæ рауагъта- иккам, йæ редактор, кæй зæгъын æй хъæуы, Бестау уыд æмæ къухфыст йемæ ахаста, уым, дам, ыл бакусдзынæн. Æртæ къуы- рийы фæстæ æрцыд, къухфыст цæттæйæ æрхаста, фæлæ йæхи- цæн йæ къахы рыст ницы фæхуыздæр, фыддæр ын цы фæци, уымæй дарддæр. Къухфыст дзæбæх хъулæттæй æрхаста, фæлæ мæ раппæлыд. Иæ фиппаинæгтæ дæр мын загъта: «Ды, текстæй дын мацы аирвæза, уымæй тæрсыс, алы дзырдыл дæ уд хъарыс æмæ поэтикон формæтæ æнæфæивгæ рахæссыс, афтæмæй ми- дис хъахъхъæныс æмæ поэтикон хуыз фæлурс рауайы. Ма тæрс, гуырдзиагау ын адекватон формæ куы ссарай, уæд дзы спайда кæн. Бараст сæ кодтон иуцалдæр раны. Æнæуый - хъочах! Хорз ыл фæтых дæ». Кæй зæгъын æй хъæуы, «Стайы цармдарæджы» тæлмацгæ- нæг дын афтæ куы зæгъа, уæд дæ зæрдæ хуры фарсмæ куыднæ абаддзæн, æмæ йын æз дæр: «Цæй, кæд Руставели нæу, аргъæут- тæ цас зын тæлмацкæнинаг сты». Уый йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта: «Аргъæуттæ ды фарон дæр рауагътай (уыцы чиныгæн дæр йæхæдæг уыд редактор). «Нартæ» аргъæуттæ не сты, уый ды тынг хорз æмбарыс. «Нартæ» нæ адæмы, нæ рагфыдæлты хъайтарон царды биографи сты, ма дæ рох кæнæд». Рацыд чиныг. Уый уыдис 1977 азы, стыр тиражæй йæ ра- уагътам - 30 000 экземпляр, фæлæ тагъд ауæй. Чиныгкæсæг ыл тынг зæрдиагæй сæмбæлд, рецензитæ дæр ыл ныммыхуыр ирон газеты дæр æмæ «Сабчота Осети»-йы дæр. Фæлæ иу дзæбæх бон «Литературули сакартвело» («Литературон Гуырдзыстон») та Булкъаты Михалы рецензи ныммыхуыр кодта æмæ нын нæ циныл уазал дон раскъæрдта. Чиныг критикæйы бын фæкодта æмæ ма Тедеты Олгъæ йæхи тæлмацæй цалдæр «Нартæй» гуыр- дзиаг «Армагъанийы» цы ныммыхуыр кодта, уыдон та бынтон смам кодта чиныгкæсæгæн. Бестау тынг смæсты. « Æрцæуæд уал мæм ардæм, æз уымæн фенын кæндзынæн, чи нæ хуыздæр зоны гуырдзиаг æвзаг». Булкъаты Михал, дзæнæты бадæд, Самтредиайы царди, кусгæ дæр уым кодта, фæлæ Цхинвалмæ арæх цыди, йæ чингуытæ дæр махмæ мыхуыр кодта. Тагъд та нæм фæзынд æмæ йын Бестау ак- каг фæци. Иæ фиппаинæгтæ йын дымгæйæн арвыста: «Кæуылты хъуыддаг сарæзта сылгоймаг æртæ сывæллон хъомылгæнгæйæ, æмае бузныджы бæсты цыдæр дзырдтыл дзурыс æмæ фаутæ <®^о^^ 504 ~х@^о^©>
хæссыс æмæ дæ рох кæны, дæ разæй æз кæй бакастæн тæлмац». Æз Михалæн ницы загътон, кæмдæрты раст уыд, кæмдæрты - нæ. Фæлæ дзы абон дæр бузныг дæн. Гъеуал азы тæлмац фæ- кодтон, цал æмæ цал чиныджы рауагътон нæ фысджытæн æмæ мын æппæлыны йеддæмæ афтæ ничи загъта: «Мæнæ дын ацы дзырд, кæнæ ацы хъуыдыйад раст нæу, хуыздæр зæгъæн ын уыд». Раппæлын зæрдæйæн æхцон у, фæлæ дын исчи исты куы бараст кæна, бацамона, уый ноджы хуыздæр у. Æмæ мæм Миха- лы фиппаинæгтæй раст цытæ фæкаст, уыдон мæ зæрдыл бадард- тон æмæ та «Нартыл» кусын байдыдтон лæмбынæгдæрæй. Абайты Васойы зонадон куыстæй Нарты фæдыл цы уыд, уый сæрæй бакастæн æмæ дзы иу хай чиныгæн разныхасы бæсты бахастон, цæмæй гуырдзиаг чиныгкæсæг хуыздæр бамбæрстаид нæ кады эпосы гениалондзинад. Бестау уæд гас нал уыд, 1988 азы та йæ дыккаг хатт рауагътон ног тæлмацæй, Тугъанты Махар- беджы конд иллюстрацитимæ, дзæнæты бадинаг Уанеты Алек- сандр та йын йæ нывæфтыдыл бакуыста æмæ фыццаг рауагъдæй дыккаг бирæ аивдæр рауад мидисæй дæр, æддаг бакастæй дæр æмæ зонадон аппаратурæйæ дæр. Уый та 50 000 тиражæй рацыд, фæлæ та уый дæр тагъд ауæй. Æмæ ацы хъуыддаг Булкъаты Ми- халы фæрцы æрцыд. Критикæ æнæмæнгхъæуæг у литературæ- йы размæцыдæн. Бестау та уый куыднæ зыдта, фæлæ йын уæд- дæр хъыг уыд Михалæй. Кæмдæр, чизоны, раст уыд - ирон уæв- гæйæ, Бестауы хуызæн гуырдзиаг æвзаг, фидарæй йæ зæгъын, дыккаг ничи зыдта. Уый гуырдзиаг æвзаг, литературæ, æвзаг- зонынад афтæ биноныг сахуыр кодта æмæ дзырдтæ, æрмахуыр уæрыккау, йæ коммæ кастысты. Уыцы миниуджытæ æрмæст уырдыгæй нæ цыдысты æмæ Бестау астæуккаг скъола гуырдзи- аг æвзагыл кæй фæци медалыл, университет дæр сырх дипло- мыл. Нæ! Уый поэтæй райгуырд. Хуыцæуттимæ дзурæн æвзаг, рухс зонд æмæ йын æнкъараг зæрдæ схай кодта йе сфæлдисæг, уыимæ иумæ та куыстуарзондзинад. Æмæ йæ чи басастаид! Æмдзæвгæтæ фыссын Гиуæрги скъолайы-ма куы ахуыр код- та, уæд райдыдта æмæ дисы æфтыдта йæ ахуыргæнджыты, ахæм арфмидисджын æмæ поэтикон нывтæй хъæздыг ын-иу уы- дысты. Астæуккаг скъола фæуыны фæстæ йæ документтæ универ- ситетмæ журналистикæйы факультетмæ бахаста. Медал кæмæн уыди, уыдон æнæфæлварæнтæй истой, фæлæ уыцы аз ацы фа-
культетмæ æрмæст дæс адæймаджы хъуамæ айстаиккой, ме- далджынты нымæц та сæдæйæ ахызт. Уæд ректор аскъуыддзаг кодта - гуырдзиаг фыссынæй сын фæлварæн хъуамæ ауагъта- ид æмæ сын сæ тыхджындæрты равзæрстаид. Ахæм темæ сын радтой фæлварæнæн: «Цæмæн уарзын мæ фыдыбæстæ». Бес- тау темæ æмдзæвгæйæ райдыдта, ранымадта фыдыбæстæйы рæсугъд миниуджытæ æмæ стæй балхынцъ кодта йæ зæгъинаг: «Цæмæн уарзын мæ фыдыбæстæ, уый та, дам, цы фæрсинаг у». «Ректор партаты æхсæн рацу-бацу кодта æмæ нæм йæ цæст дардта, - мысыд Бестауы хæлар, æмкурсон Зураб Ломидзе, - Ги- уæргийы цурмæ куы æрбахæццæ, уæд ын йæ фыстмæ æркаст æмæ йын ныллæг хъæлæсæй афтæ: - Лæппу, искæйы æмдзæвгæйæ цитатæ куы хæссай, уæд æй дыкъæдзгуытæ хъæуы. Уый йын æфсæрмгæнгæйæ афтæ: - Мæхи у... - Ректор систа сыф Гиуæрги- йы разæй, бакасти йæ æмæ йын, рæвдаугæйæ, загъта: - «Бæ- дæйнаг!» Фондз райста Бестау æмæ йæ фыццаг бонтæй поэтæй базыд- той университеты. Йæ базырджын фразæтæ йын афоризмтау фæлхат кодтой йе ’мбæлттæ. «Иу хатæны фарастæй цардыс- тæм, - дарддæр мысы Зураб, - мах-иу фынæймæ фестæм изæры, Гиуæрги та-иу йæ тетрад æмæ фыссæн сисимæ йæ тумбочкæйы цур сбадти æмæ куыста. Мах æм-иу хыл кодтам: - Ахуыссын кæн рухс, фынæй нал фæразæм. Райсомæй нæ цæстытæ рæсыдæй сыстæм». Гиуæргийæн йæхи аргумент уыди: - «Мах ардæм ахуыр кæнымæ æрцыдыстæм, бонæй алцы бакæсынæн рæстæг нæу фаг, кæд ам уæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæд баххуырсут хæдзар æмæ цæрут уæ зæрдæйы фæндиаг», - ахæм фидарæй-иу загъта æмæ йемæ быцæу уæгъды уыд. Æнæсæттон уыд, йæхион хъуамæ аскъæрдтаид, фæлæ-иу раст уыд æмæ йæ æз фылдæр уымæн уарзтон - фидар удыхъæдджын кæй уыд - загъта, уæд дæ ныфс уæд, сæххæст æй кæндзæн. Æмдзæвгæтæ фыссынæй дарддæр ма тæлмац дæр студентон азтæй райдыдта. Студгорæтмæ, кæм цардыстæм, уырдæм æм арæх цыдысты ирон поэттæ Нартых- ты Михал, Цхуырбаты Иван, Асаты Реуаз, Кавказаг æмæ бирæ- тæ. Бестау сын тæлмац кодта, æмæ цыфæнды лæмæгъ æрмæ- гæй дæр ахæм аивадон куыст цыд йæ къухæй, æмæ-иу дзы хын- джылæг кодтам: - «Ныр та йæ фæстæмæ оригиналмæ раив, хуыздæр рауайдзæн». Фæстагмæ бирæтæн нал иста сæ фыстытæ тæлмацмæ - рæстæг, дам, мын нал фаг кæны...
Бестау суанг цыппæрæм курсы онг гуырдзиагау фыста æм- дзæвгæтæ æмæ, раст зæгъгæйæ, гуырдзиæгтæй бирæ хуыздæр. Мыхуыр кодта Тбилисы дæр æмæ нæхимæ - «Сабчъота Осети»- йы дæр. Йе ’мдзæвгæтæ хицæн кодтой сæ хъæздыг, хуызджын, поэтикон формæйæ æмæ сын ахæм ритмикæ уыд, цыма хæххон суадон, кæлкæлгæнгæ, гæппытæ кæны дуртыл. Иугъуызон зæл- тæй арæзт рифмæтæ хъусæй нал хицæн кæнынц æмæ дæ никуы- уал ферох уыдзысты: «Цъицъамуртан цъвима цъамомецъиа, цъкъриалебден цъвимис цъврили цъветеби, Дзеглс мцъухаред даквитинебс Мзецъуна, Цъицамури... ра гулдасацъхъветеби». Афтæ мачи ахъуыды кæнæд æрмæст гуырдзиагау зæлыдысты йе ’мдзæвгæтæ афтæ æхцон мыртæй! Нæ! Цыппæрæм курсы ма уыд, фидарæй куы аскъуыддзаг код- та: - æз ирон литературæйы хъæуын, «Мæхи адæмæн, мæхи фыдыбæстæйæн фæуон, цы мæ бон у, уый. Æмæ æрцыд йæ райгуырæн зæхмæ. Студент-ма уыд «Фидиуæджы» куы райдыд- та кусын. Йæ фыццаг ирон æмдзæвгæтæ, æрвырттывдау, ныр- рухс кодтой ирон литературæйы тыгъдад: «Хохæй-хохмæ хизы, хохæй-хохмæ хизы Арвæмбæрц нæртон лæг, судзгæ зарæг зары. Æмæуыцы зарæг мигъты сæрмæ ризы, Æмæуыцы зарæг Хурау худы тары». «Къоста». Æмæ афтæ, кæцыфæнды æмдзæвгæ йын бакæс, зæрдæйыл æртыхсдзæн, баризын æй кæндзæн. Уый зæгъын мæ фæнды - æрмæст гуырдзиагау не ’рттивынц Гиойы æмдзæвгæтæ, йæхи мадæлон æвзагыл ноджы хуыздæр зæлланг кæнынц, æмæ мачи дзурæд, ирон æвзаг иннæтæй мæгуырдæр у, æвзаг хъуамæ зо- най, уарзай йæ дæ удæй фылдæр æмæ дын зæгъинагæй ницы баззайдзæн. Цард куы радтаид Хуыцау Бестауæн, куы-ма йæ ба- уагътаид иучысыл, уæд ирон литературæ бирæ уæзгæ тыллæг бафснайдтаид йæ къæбицы. Фæлæ нын цы ныууагъта, уыдон æнустæм æрттивдзысты, царды монц дæтдзысты адæмæн. Бестауыл 70 азы куы сæххæст, уæд ын Тбилисы «Кавказаг хаедзары» мысæн изæр сарæзтой ирон секцийы кусджытæ. Чъре- байæ дæр фæхуыдтой йæ бинонты, йæ поэзийæн табугæнджыты.
Дзæвгар адæм æрбамбырд, æрбацыдысты йæ хæлæрттæ, йе ’мкурсонтæ - 3. Ломидзе, X. Арчемашвили, Е. Хинтибидзе æмæ æнд. Махæй дзы уыдысты, Бестауы æмкъай Зозырты Сæлимæт, Гасситы Лили, Тедеты Гиви, Баситы Венерæ, Цхуырбаты Мери æмæ æндæртæ. Бирæ хъарм ныхæстæ ракодтой йæ цард, йæ куыст, йæ адæймагон миниуджытыл æмæ афтæмæй залы бадæг адæмы раз раудæгас Бестауы рухс фæлгонц. Чи нæ цы загъта, уы- дон ныммыхуыр сты газет «Акцент»-ы (№10,(59), 2002 аз, май). Бестау «Фидиуæджы» куы куыста æмæ йæ цæрын куынæ уагътой йæ хæлæггæнджытæ, алы цъыфкалæн хъæстытæ йыл куы кодтой обкоммæ, ЦК-мæ, уæд уыцы рæстæджы обкомы дык- каг нымæрдарæй куыста Владимир Патеишвили. Ацы мысæн изæрмæ уый дæр æрбацыд æмæ йæ мысæн ныхасы афтæ зæгъта: «Георгий был человеком гуманистического мышления. Ему были чужды зависть, вражда, зато у него было много завистников, ко- торые не давали ему покоя. Я тогда был вторым секретарем обко- ма партии и являюсь свидетелем того, как его оговаривали. И уже тогда верил в его правоту, а сегодня стало очевидно, что он действительно всегда был прав. Он сделал бы гораздо больше, если бы ему не мешали облаченные в мантию писателей лже- писатели. К сожалению, в то время смуты порядочные люди мол- чали... Я люблю Осетию и осетин. Георгий мне подарил свой пе- ревод «Витязь в тигровой шкуре» с теплой надписью. Эта книга очень дорога мне и стоит на полке на видном месте. А надпись гласит: «С искренней любовью дарю тебе «Витязя», переведен- ного мною с трепетом. Знаю, прочесть не сможешь, но любовь, будь она осетинской или грузинской, в переводе не нуждается». Уыцы изæры ма 3. Ломидзе афтæ загъта: «Ацы дыууæ фæстаг рæнхъ йæ гуырдзиагау фыст æмдзæвгæйæ ист сты, кæцы фыц- цаг курсы куы ахуыр кодта, уæд бакасти Галактион Табидзейы университетмæ куы æрбахуыдтам æмæ йын сфæлдыфстадон изæр куы ауагътам, уæд. Уым уыд ахæм рæнхъытæ: «Сихъуарулс таргмна рат унда, осуриа ту картули» æмæ æнæхъæн универ- ситеты ацы дзырдтæ афоризмау фæлхат кодтой студенттæ». Абон бирæ дзурынц Гиуæргийы интернационализмы фæдыл. Раст у, уый стыр интернационалист уыди, фæлæ ^Гиуæргийæн сæйраг уыдысты йæхи Ирыстон æмæ ирон адæм. Йæ хъысмæт, йæ литературæйы фидæн... Фæндзæм курсы ма куы уыдыстæм, уæд загъта: «Кæд мæ бон исты у æмæ кæд мæ бон исты бауа, уæд
æз мæ адæм æмæ мæ литературæйæн хъуамæ снывонд кæнон мæ тыхтæ». Æмæ куыд бирæ рамбылдта ирон литературæ!». Раст мæ бамбарæд кæсæг - æз ацы мысинæгты Бестауы гуыр- дзиаг хæлæртты хъуыдытæ уымæн не ’рхастон æмæ мæ рох сты нæ фыдхъизæмæрттæ фæстаг азты. Искæмæй къаддæр хъыгтæ нæ баййæфтон æмæ искæмæй къаддæр нæ риссы мæ зæрдæ. Фæ- лæ мæнæн нæу мæ бон мысгæ хабæрттæ фыссын - афтæ уыди, афтæ сæ федтон æмæ сæ фыссын æнæзæрдæхудтæй. Хорз æмæ æвзæр, иузæрдион æмæ гадзрахатæй цæуджытæ алыхатт уы- дис æмæ уыдзæн - афтæ у цард. Рæстдзинадæн та мæлæт нæй. Бестау ахæм лæг нæ уыд, хорз æмæ æвзæр чи нæ æмбæрста. Гуырдзиагæн дæр нæ барста йе ’взæрдзинад æмæ иронæн дæр. Æддæмæ не ’вдыста, æндæра йæ цард мастимæ тохгæнгæ ар- выста: «Æз ахуысдзынæн а дунейæ стъæлфæнау, уæддæр ма дзы ныууадздзынæн фыдхъизæмар. Мæ фæллад бон æнафоны куы ’ризæр уа, мæлæт мын уæд уыдзæни даргъ, стыр фынау». Пес- симист никуы уыд Бестау, цыфæнды зынтæн фæрæзта æмæ иугæндзон тохмæ цæттæ уыд, фæлæ адæймаг йæ мидзæрды йæ хъыгтыл уæддæр сагъæс кæны. Йæ царды фæстаг бонты, низимæ тохгæнгæйæ дæр, куыста æмæ йæ «Арты æртæхтæ» калдта. Мæскуыйæ куы æрцыд æмæ йæ низыхатт куы рабæрæг, куы йæ базыдта ницыуал гæнæн дзы ис, мæлæтимæ тохы сæр æй бахъуыд, уæд дæр нæ саст, уæд дæр фы- ста æхсæвæй, бонæй - исты-ма бафтауа йæ ирон литературæйы хæзнайыл. Рауагъдад «Ирыстон»-ы коллектив тынг æнгом уыдысты, хæларæй цардыстæм æмæ Бестауæн уæлдай кад кодтам. Уый нæ домдта кад, фæлæ æппæт йæ архайдæй, йæ ахастæй бар- æнæбары йæм йæхигъæдæй цыд, йæ алыварсуæвджытæй ар- гъуц дæр, аргъ кæнын дæр æмæ æнæлаз æфсымæрон уарзт дæр. Йæ фæрынчыны бонты йын нæ бон куыд уыд, афтæ лæггад кодтам. Цæмæй йæ низыл ма хъуыды кодтаид, уый тыххæй-иу куысты фæстæ чысыл фынг авæрдтам, абадтыстæм-иу, нæ ка- тай æмбæхсгæ, хъæлдзæг гаджидаутæ уагътам. Кувæг-иу йæхæ- дæг Бестау уыд. Нуазгæ нал кодта, фæлæ ахæм юморимæ куывта æмæ нæ худын кодта, цыма йæ не ’мбæрста, цæмæн тымбыл код- там йæ алыварс афтæ арæх. Хатт-иу срæдыд йæ низы кой, фæлæ худгæйæ, цыма худти мæлæтхæссæг æгъатыр низыл! Иухатт йае цæрæнбонтæн куы куывтам, уæд Дзадтиаты Зарета акуывта
æмæ нуазæн нæ банызта, афтæмæй йæ стъолыл æрæвæрдта. Мах ыл ныттыхæй стæм - Гиойы тыххæй куыд нæ нуазыс, зæгъгæ. Æмæ Бестау худгæ йæ сæрыл рахæцыд - ныууадзут æй, уымæн дæр мæ низ ис, нæ йын бæззы. Цæвиттон, Заретайæн дæр йæ къа- хыл рак уыд, фæлæ йæ уымæн йæ рæстæгыл рабæрæг кодтой, операци йын сарæзтой æмæ, бирæ цæрæд, абон дæр æгас у. Фæстаг гуырæнбон ма йын сарæзтой йæ бинонтæ дæр 1978 азы 5 майы. Дардыл дзаджджын фынг равæрдтой, уæныг ар- гæвстой, иууылдæр уыдыстæм фысджыты коллектив. Бестау йæхæдæг лæггад кодта, риссаг къахимæ дæр, кæстæрау, лæууыд фынджы уæлхъус. Нæхи хъæлдзæг дардтам, фæлæ нæ алкæмæн дæр мидæгæй йæ зæрдæ кæрзыдта, Гафез æмæ Нафи заргæ дæр акодтой. Бафæллад Бестау æмæ йæхи уатмæ байста. Мах, сылгоймæгтæ, сыстадыстæм, лæгтæ ма бадтысты, барасыг сты. Куы рахыз- тыстæм, уæд уатмæ бакастæн: хуыссæныл уæлгоммæ бахауд, йæ уæлхъус Сæлимæт. Хъæрзыд цъынддзæстæй. Сæлимæт нын йæ сæры батылдæй æнæдзургæйæ бузныг загъта... Уыцы бонæй фæстæмæ ма куыстмæ цыд, фæлæ куы маши- нæйыл, куы та куыста хæдзары. Куыдфæстагмæ, æруатон. Арæх- иу æй абæрæг-абæрæг кодтам. Иу изæр æм æз æмæ Тедеты Гиви бацыдыстæм. Растад уатæй, афтæ ныл фæцин кодта, афтæ хъæл- дзæгæй ныл сæмбæлд æмæ фæныфсджын дæн, кæд фæхуыздæр уаид, зæгъын. Фынгыл куы æрбадтыстæм, уæд мын мæ конд хæбизджынæй иу комдзаг акодта бузныджы нысанæн æмæ та мæ ахынджылæг кодта: - «Афтæ, ды дæр мæнау цæхджынтæ уарзыс». - кæрдзын æм, æвæццæгæн, цæхджын фæкаст. Æм- бæрстам æй, æгъдаумæ гæсгæ лæггад кодта бацæуæгæн æмæ тагъд рацыдыстæм. Июлы мæйы тынгдæр стыхст, рыстытæ фæфыддæр сты, смæл- лæг, йæ цæстытыл дæр стых уыцы æгъатыр низ. Иу бон мын куысты фæстæ Зарета афтæ: «Цом, Гиойы абæрæг кæнæм. Дысон æм уыдтæн, æвзæр у». Ацыдыстæм. Уатмæ куыддæр бахызтыстæм, афтæ Зарета- мæ йæ уайдзæф фæцæрдæг: « Нæ дын загътон, макæмæн мацы схъæр кæн...», «Æз ницы загътон, Гио...», «Уæдæ Мери йæ уоны касти, нæ?». Сæрыстыр уыд Бестау, нæ йæ фæндыд афтæ лæмæгъæй йæ йе ’ввахс æмгар дæр федтаид. Уый алыхатт йæхиуыл йæ зæрдæ дардта æмæ уæндонæй уымæн дзырдта:
«Æз - историйыуырынгои; Æз - цы тыхджындæр домбай; Æз - æнус-æнус æрыгон, Æз - æнæмæлæты æмбай». Фæлæ ныр бамбæрста - æрхæццæ йæ адзал, баихсыдысты домбайæн йæ тыхтæ æмæ йæ йæхицæй хуыздæр чи зыдта: «Нæй ныууромæн н’адзалæн - хæхтæ, быдыртæ сраст кæны; Уый тыхджын - æдых адæмæй алкæйы иу джиппы раскъæры, Искуы ингæны сиу кæны саби, сонтимæ астæры; Уæгады цард худинаг, ном та - кадимæ бастъæлын!» Бамбæрста - нымад бонтæ ма йын кæй баззад æмæ йæ ныййарæг мадæн афтæ зæгъын уымæн бафæрæзта: «Уæдта иу- бон раздæр куы амæлис, æмæ дæ мæ маст уæддæр куынæуал бахæрид». ( Цæвиттон Бестауæн йæ хистæр æфсымæр Гено дæр цалдæр азы размæ - 1961 азы фæмард, чидæр æй мотициклетæй ныццавта фæндагыл, йæхæдæг фæаууон, лæппуйы мардæй ныу- уагъта, æмæ абоны онг дæр нæ рабæрæг, чи уыд. Райсомæй нæм ссыд Бестау - Гиви, дæ сæр, дам, мæ бахъуыд, акодта йæ æмæ знагыл дæр ахæм ми ма ’рцæуæд - мæ æртæаздзыд чызг уынгмæ рахызт сæ фæстæ æмæ йæ машинæ ныццавта, фæмард æнæсдзургæйæ саби... Афтæ уыцы аз 21 апрелы нæ дыууæтыл нæ цар æркалд). Йæ мадæн афтæ фыддæр уымæн загъта - ома дын иу фырты маст фаг у... Афтæ онгмардæй йæ куы федтон, уæд иу уысм мæхæдæг дæр фæфæсмон кодтон, фæлтау куынæ рацыдаин, йæхицæн дæр зын уыд æмæ мæхæдæг фыртыхстæй цы фæуыдаин, уымæн ницыуал зыдтон. Æввахс æм бацыдтæн, æргуыбыр æм кодтон уатмæ æмæ йын йæ мæллæг къух мæ русыл авæрдтон. Мæ кæуын мæ хъуырмæ схæццæ, зæгъын ницыуал сфæрæзтон æмæ мæ цæссыгтæ йæ уæлæ æрызгъæлдысты. Уый мын мæ хъусы саст хъæлæсæй ба- дзырдта: «Мæхи Мери, куыд зын у мæлын...».
* -к * Йæ боны хур тæмæнтæ калдта... Фæлæуарыд... Цæссыджы къæвдауарыд... Йæ табæты цур æрзоныгуыл кодтам рауагъдады сылгоймæг- тæ, нæ разæй Наниты Асиат, иронвæндаггæнгæ, зоныгуылæй æрзылдыстæм йæ алыварс æмæ йын фæстаг лæггад бакодтам. Стæй... Стæй уæлмæрд... Зырзыргæнгæ згъæлди сау мæр нæ къухтæй гом ингæныл. Æмæ хъусты зæлыд хъæлæс, йæ ныфсджын хъæлæс: «Ныр æвгъау дæн сау мæрæн,уарзты гени, кувын дæм: Ма мæ бауадз амæлын, æз цардыл æнувыд дæн!..» 1979 аз !К(РЪ1(ЖОЯ-Ш ^(ВУШУУМК Ахæм бæстæ зынæй ссардæуыдзæн, махæн нæ хъæстæ кæм нæ цæры. Æмæ дис кæнын, цæмæн лидзæм нæ фыдæлты уæзæгæй дард бæстæм? Хуыздæр цардагур? Æмæ уæлæуыл кæм ис дзæ- нæтон цард? Кæдæмфæнды фæцу, æнæ фыдæбонæй ницы ссар- дзынæ. Уæд дæхи зæххыл, дæ фыдæлты цæрæнуаты ауадз уи- дæгтæ. Уæд нæм тыхгæнæг тых дæр никуы бахæссид. Афтæ уымæн дзурын æмæ, мæ дзырды сæр чи у, уый дæр куы фæцыдаид нæ чысыл Ирыстонæй, уæд абон афтæ ныфсджын, райгонд æмæ сæрыстыр уаиккам? Æвæццæгæн, нæ! Дардмæ дзы нæхи цы буц кæниккам, æндæр ницы. Ацæуыны фадат та уымæн дæр уыди - Ленинграды фæцахуыр кодта, диссертаци дæр уым бахъахъхъæдта. Уæдæ Мæскуыйы дæр сæрибарæй ссардтаид кæцыфæнды университеты куыст, уæрæх зонадон авналæнтæ дæр ын йæ къух сарæзтаиккой. Фæлæ йæ йæ зæрдæ йæ раттæг адæмæй дардмæ, йæ райгуырæн къуымæй æддæмæ нæ ауагъ- та. Нæ йæ ауагътой, афтæ æгæрон уарзтæй кæй уарзы, уыцы хæхтæ, кæмттæ, суæрттæ. Æмæ цæры, кусы, фыдæбон кæны. Немæ дих кæны йæ цин дæр, йæ хъыг дæр æмæ йæ къæбæр дæр. Куы бафæллайы йæ уæззау куыстæй, уæд йæхи айсы æрдзы
хъæбысмæ. Мадау æй барæвдауы, райгуырæн хæхтæй рахъуы- зæг уддзæф æмæ йын ног тых, ног ныфс бауадзы йæ зæрдæйы. Уый Нафи у - ирон литературæйы удæгас классик. Нафийы цард æмæ сфæлдыстадыл хъуамæ ныффыстæуа би- ноныг иртасæн чингуытæ æмæ хицæн темæтыл, куыд поэтыл, прозаикыл, драматургыл, тæлмацгæнæгыл, критик æмæ публи- цистыл, куыд зонадон æмæ æхсæнадон кусæгыл. Чизоны мын исчи бауайдзæф кæна, цы домæнтæ кæныс, стыр аргъ ын куы кæнæм, уарзæм æй, фысгæ дæр ыл дзæвгар куы кæнæм газетты, журналты, зæгъгæ. Раст у, фæлæ йын мæ цæст цахæм уарзы, ахæм фундаменталон куыст йæ цард, йе сфæлдыстадыл нырма нæ федтон. Фыссæг та æнкъараг уд у, афтæ арф æнкъараг, æмæ иу æнахъола ныхасæй йæ зæрдæ фæриссы, иу хъарм ныхас та йыл уарийы базыртæ басадзы. Æцæг ын цæстуарзон уац бакастæн фа- рон «Фидиуæджы» йæ поэзийыл, 80 азы йыл куы сæххæст, уæд, Хозиты Барисы фыстæй. Ноджы ма зæгъон, фысгæ йыл кæнæм, фæлæ мæ фæнды, йæхæдæг куыд бындурон куыстытæ бакодта, уæдæ Къостайыл, Коцойты Арсеныл, Брытъиаты Елбыздыхъо- йыл æмæ æндæртыл, афтæ йын йæ цард æмæ йе сфæлдыстадыл дæр æрцæуа фыст. Нæ цуры нæ иугъæдон цардæй цæры, фыдæбон кæны, цы ма бафтауа нæ литературæйыл, зонадыл, уый тыххæй йæ удыл нæ ауæрды æмæ йæхи сæрмагонд цард, искæйтау, нывыл сараза, уымæ йæ никуы равдæлы. Адæймаджы цас хъæуы, дуры цъуп- пыл куы фæцæра, йæ фаг уым дæр самал кæндзæн. Лæгау-лæг та æрмæст хи удæн цæрын цардыл нæ нымайы. Ацы рæнхъытæ фысгæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыд иу рагон хабар. Ивгъуыд æнусы 70-æм азты нæм обкомы фыццаг секретарæй Джусойты Гиорги куыста. Мæскуымæ Ирыстонæй цыдæр вазыгджын æмбырд- мæ делегат æрвитын хъуыд, нывыл дзурын дæр æмæ хъуыддаг аразын дæр йæ бон кæмæн уыдаид, ахæм. Нафийæ хуыздæр чи сарæхстаид æмæ йæм бахатыдысты. Нафи цæхгæр «нæ» загъта, фадат, дам, мын нæй. Джусойы фырт ын дисгæнгæ дзуры, фадат та дын куыд нæ сараздзыстæм, зæгъгæ? Уæд, дам, мын мæ хъусы бадзырдта: «Æнæрай мæ скæн, кæдæм мæ æрвитыс, мæ къæхтыл нывыл дзабыр куынæ ис, уæд?» Самал ын кодтой алцы, фæлæ ацы цау, чи зоны, искæмæ худæг фæкæса. Уыдис, мæ хуртæ, ахæм рæстæг дæр, æмæ рæстмæ дзаума æрмæст «уæлдæр бадджытæн» æмæ уыдон бинонтæн лæвæрдæуыд. Нафи та цæрæнбонты ни-
кæмæй ницы домаг уыд. Кусгæ, æрмæст уæхскуæзæй кусгæ æхсæвæй, бонæй - уыди æмæ у йæ царды нысан. Йæ 80 азы йæхирдыгæй фесты, фæлæ уæнгрог у нырма, цæс- тæй дæр æххæст (кæсæн цæстытæ дæр нæ дары), зæрдæйæ, зондæй фидар æмæ æнæрæнцойæ кусы ног чингуытыл. Дисы дæ бафтаудзæн йæ олимпион хиуылхæцындзинад, быхсыны æгæрон тых. Алцæмæн фæразы, алы маст æмæ зындзинадæн. Алкæмæн ссардзæн, йæ зæрдæ цæуыл фæлæуа, ахæм ныхас, фæлæ йæхи мæстаг, йæуды зын æддæмæ нæ равдисдзæн - мачи фæрисса йæ рыстæй. Иæхи сæрмагонд маст сусæг цæссыгæй ныхсдзæн (кæуылты зынуромæн уыд йæ иунæг æфсымæр, кур- диатджын поэт Таймуразы æнæрæстæджы мæлæт), дæуыл мидбылхудгæ сæмбæлдзæн: ирон лæгæн нæу характерон, йæ зæрдæйы судзаг æддæмæ равдиса. Фæлтау заргæ, зарæджы зæгъ- дзæн йæ зæрдæйы маст. Заргæ дæр бæгуы хорз зары Нафи, зæрдæйæ ратæдзгæ зæлтæй, йæ цæсгом ын сабийы æнæхин цæсгомау чи ныррухс кæны. Хъуыды ма кæнын, иу-ссæдз азы размæ фысджытæ Нармæ цыдыстæм Къостайы хæдзармæ. Ок- тябрь уыд, фæззыгон хъарм бон. Рауагъдады кусджытæ автобус баххуырстам æмæ ацыдыстæм. Нафи дæр немæ. Раззаг бандо- ныл бадтис иу æвзонг чызгимæ. Кæрæдзийыл ныхæстæй мид- былхудгæ цæуылдæр ныхас кодтой. Æз Куымæридтаты Дуняйы бафарстон (корректорæй нæм куыста): - Чи йын у ацы чызг? - Нал æй базыдтай, нæ? Æз дæр æй нал базыдтон, йæхи чызг Аленæ. Цал азы йæ нал федтон... Æз аивæй кастæн фыд æмæ чызгмæ. Хъæлдзæгæй, фæлæ ныллæг хъæлæсæй цæуылдæр дзырдтой. Автобусы та адæм хъæрæй худтысты цæуылдæр, хъæлæба кодтой. Уыдон та, цыма уым ничи уыд, райгæ цæсгæмттæй кæрæдзийыл цин кодтой. Æмæ та мæ цæстыл ауад рагон ныв: ацы чызг чысылæй, афтæ æртæ-цыппараздзыдæй нæ институты актон залы сценæйыл лæууы урс къабайы, сырхуадул, æмæ æмдзæвгæ дзуры. Ферох æй вæййы æмæ та йын æй йæ мад Иннæ ’рымысы, уый дæр та йæ сæрæй райдайы худгæ. (Иннæ - хуры чызгау, йæ æрвгъуыз худгæ цæстытæй дæм мидбылхудгæ æрбакастаид, æмæ дæ зæр- дæ куыддæр цинæй айдзаг уыдаид - уæд уырыссаг литературæ- йæ лекцитæ каст æмæ йæ иууылдæр бирæ уарзтам).
Ныр уыцы чысыл пумпуси чызг Аленкæ чындздзон чызг сси, йæ фыды уынынмæ æрцыд Ленинградæй æмæ йæ йæ фыд йемæ ракодта йæ фыдæлты цæрæнуæтты уынынмæ. Фæстæмæ цæугæйæ дæр иумæ бадтысты, фыд йæ галиу цонг чызджы уæхсчытыл æрбатыхта рахиз къухы æртæ æнгуыл- дзæй та раззаг бандоны æнцойгæнæныл цыдæртæ амоны чыз- гæн æмæ зары. Æвæццæгæн-иу ын чысылæй цытæ зарыд, уыдон мысыд æмæ чызг худти, амондджын цæсгомæй худти, йæ уа- дул фыды уадулыл æвæрдæй, афтæмæй. Автобусы та нозтджын лæппутæ кæрæдзи нæ дзурын уагътой, нæ зарын, афтæмæй æр- хæццæ стæм Цхинвалмæ. Искуы мæ кæстæр ацы уац куы кæса, уæд, чи зоны, бадис кæна: «Кæс амæ - афтæ æввахсмæ зыдта нæ зынгæ фыссæджы, акаде- микы...» Дис дæм ма кæсæд, æз ын канд йæхи нæ, йе ’сфæлдыс- тад дæр биноныг зонын. Йæ романтæ, уацаутæ, драмон уацмыс- тæ, æмдзæвгæты чингуытæ, публицистон уацты æмбырд- гæндтæ, зонадон куыстытæ Къостайыл, Коцойты Арсеныл, Бры- тъиаты Елбыздыхъойыл æмæ æндæртыл. Ацы чингуытæ мæ библиотекæйы зынаргъ хæзнатæ сты. Ног чиныг-иу куы рауагъ- та, уæд-иу мын æй хъарм автографимæ балæвар кодта. Абон дæр сæм куы æркæсын, уæд мын зæрондæй дæр æхсызгондзинад æрхæссынц. Хорз рæстæджытæ ма куы уыд æмæ нæ сыхæгтимæ дæр сабыр цард куы кодтам, уæд ын йæ роман «Фыдæлты туг» ратæлмац кодтон, мыхуырмæ дæр цæттæ уыд редакторы визæимæ - аив литературæйы тæлмацы коллеги йæ хъуамæ рауагътаид, фæлæ бæстæ схæццæ æмæ лæууы мæ иннæ къухфыстытимæ. Амæйразмæ дæр зынаргъ хуын райстон Нафийæ - «Сырдо- ны цæссыгтæ» дыууæ чиныгæй иумæ уагъд, рæсугъд æмæ хорз техникон æмвæзадыл арæзт чиныгыл та мын ахæм автограф ис: «Мери, Цхуырбиан, мæ къухы хуыздæр ницы ис, æндæра дæуæн мæ цæст уарзы иууыл стырдæр хæрзиуджытæ а дунейыл». Цымæ ма уымæй стырдæр хæрзиуæг цы вæййы - ахæм чиныг дын балæвар кæна автор, бакæсай йæ æмæ дзы дæ уды фæндиаг æхцондзинад райсай? Фыссын адæттæ мæ сыгъдæг зæрдæйæ æмæ мæ зæрдиагæй фæнды, цæмæй нæ разагъта адæймагæн йæ уды хæзнатæй цъус уæддæр рахæссон уæрæх чиныгкæсæджы размæ. ^^О^Х’ 515 "Х^о^^
«Сырдоны цæссыгты» фыццаг чиныг 1978 азы нæхимæ, ра- уагъдад «Ирыстон»-ы рацыд. Уый дæр мын авторы лæвар у, æмæ йæ куы бакастæн, уæд байрадтæн, фæлæ уыйбæрц рæстæджы фæстæ мæ тæппуддзинадыл абон хъуамæ басæттон - мæ хъуы- ды зæгъын æргомæй нæ бауæндыдтæн æмæ цæй фæдыл, уый ныр зæгъон: Сырдон «Нарты кадджыты» персонажтæй сæ цы- мыдисондæртæй иу у. Æз уарзын Сырдоны, уымæн æмæ уый тынг зондджын, æрхъуыдыджын, стыр юморы хицау æмæ уыи- мæ иумæ трагикон хъысмæт дæр хæссы. «Нартæ» гуырдзиагау дыууæ хатты раивтон. Тæлмац кæны- ны рæстæджы Сырдоны фæлгонц тынг цыд мæ зæрдæмæ æмæ мæм æппæрццаг тип нæ касти. Адæмы хъуыдыйы æмæ крити- кон литературæйы та Сырдон «Нарты фыдбылызæн» гуырдæй у зындгонд. Мæ хъуыды æргомæй зæгъын нæ бауæндыдтæн - афтæ мæ ма зæгъой, ай чи расгуыхт, мах нал зонæм, чи у Сыр- дон? Ницы загътон, фæлæ Сырдон мæ уарзон архайæгæй базза- ди æмæ мын ныр мæ хъуыды ахæм стыр авторитет - Нафи - куы бафидар кодта, уый мын стыр æхсызгон у. «Сырдоны цæссыгты» автор стыр интеллектуал, стыр хъуы- дыгæнæг у æмæ ацы роман йæ бирæ азты куысты, сагъæсты фæстиуæгæн райгуырд йæ зонд æмæ йæ зæрдæйы æнкъарæн- тæй. Йæ сабибонтæй фæстæмæ, йæхи загъдау, уый нæртон дуне- йы цæры. Ам ын ис бафæзминаг фæлгæнцтæ дæр æмæ лæг- дзинады цæвиттонтæ дæр. Цæры сæ цардæй, ахуыр сын кæны сæ миддуне, сæ зондахаст æмæ сæ уарзы, лæг йæ бинонты куыд уар- за, афтæ, сæ хорз æмæ сæ æнæзæрдæмæдзæугæ миниуджытимæ. Æмæ йыл дис æфтауы иу хъуыддаг: цæмæн дарынц Сырдонмæ ахæм ахаст, цæмæн æй хонынц хæйрæг, сайæгой, фæлдыст, хæ- рам? Æмæ арф фæлгъауы автор Сырдоны фæлгонц, дырысæй йын ахуыр кæны йæ характерон миниуджытæ, æппæт йæ цард йæ райгуырдæй фæстæмæ æмæ æрцæуы ахæм хатдзæгмæ: нæу Сырдон æппæрццаг персонаж. Æмæ æцæгæй, куы ахъуыды кæнæм, уæд цæмæн тонæм Сыр- доны фæлдыст æмæ гæды лæгæй? Иннæты уæлдай, мæгуырдæр кæй у, бæх дæр ын кæй нæй æмæ балцы йæ гуыппырсар æф- сымæртимæ фистæгæй кæй цæуы, лæгмарынмæ йæ йæ зæрдæ кæй нæ тæры, уымæн? Нартæн се ’взæр миниуджытыл кæй худы, уымæн?
Сырдон нæдæр тыхæй, нæдæр зондæй, нæдæр арæхстдзина- дæй никæй фæстæ лæууы, уæддæр æй сæхиуыл нæ нымайынц Нарт. Йæ цыргъзонд æмæ æрхъуыдыйы фæрцы цал хатты фервæ- зын кодта Нарты номдзыд гуыппырсарты фыдбылызæй? Уырызмæгæй, Хæмыцæй, Сосланæй иууылдæр æвæрццаг хъайтартæ сты. Раст у, адæм афтæ нымайынц æмæ сæ байзæд- дæгтыл уыдон нæмттæ æвæрынц. Сырдоны ном йæ сабийыл ничи æвæры. Уыйхыгъд Уырызмæг, Сослан, Батрадз - цас дæ фæнды, уыйас. Фæлæ Сослан цæй фæдыл амардта Сырдонæн йæ авдаздзыд лæппуйы? Хæмыц иу хъуджы тыххæй Сырдонæн йæ бинонты куы сы- скъуыдта, йæ æртæ лæппуйы йын куы суæнгтæ кодта æмæ сæ фыцгæ аджы куы ныккалдта? Намæ йæ дзыхы æрхъызы дæндаг куы дары æмæ йæ фæндоныл иу сылгоймаг дæр «нæ» зæгъын куынæ фæразы, афтæмæй йæ хæлæртты устыты куы рæдийын кæны? Сырдоны æвзагæй дæр дзæвгар фыдбылызтæ æртыхсы нар- тыл, фæлæ бахынцинаг уый у, æмæ йæ сæхæдæг æркæнынц маст исынмæ æмæ сын сæ уый дæр бафиды. Цас хъизæмæрттæ, цас маст бахæрын бахъуыд Сырдоны, цæ- мæй йæ бамбæрстаиккой Нарт! Йæ лæппуты стджытæй фæн- дыр куы сарæзта æмæ Нарты Ныхасы йæ зæрдæйы судзæгтæ куы ныццагъта, уæд бамбæрстой, цы гуырд уыди Сырдон. «Цалынмæ ацы фæндыр уа, уæдмæ нæ ном дæр нæ фесæфдзæн», загътой æмæ йæ айстой се ’хсæнмæ. Иудзырдæй, роман «Сырдоны цæссыгтæ» гуырахстджын чи- ныг у (650 ф.), бирæпланон. Ам царды^алы фæзилæнтæ æвдыст цæуынц бауырнинаг, ирд нывтæй. Йæ алы архайæгæн дæр сæрмагонд фæлгонц, сæрмагонд характер ис, йæхи æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытимæ, æмæ сæ чиныгкæсæг алкæй дæр бахъуыды кæны. Авторы арф хъуыдытæ æмæ философон хатдзæгтæ дæ сæ фæдыл ласынц æмæ цымыдисæй хизыс иу сы- фæй иннæмæ. Ахæм егъау куыстæн, цæмæй, куыд æмбæлы, ахæм дырыс ана- лиз скæнай, йæ хорз æмæ йæ лæмæгъ дæр раст сбарай, уымæн тых æмæ дзæвгар рæстæг хъæуы. Уыцы хæс ацы чысыл уацы эез мæхимæ нæ исын, уый критикты бæрны бакæнæм. Æз та æр-
мæст мæ уарзон персонажы тыххæй мæ циндзинад равдыстон дыууæ ныхасæй. Æмæ ма уый дæр зæгъдзынæн, чингуытæ, дам, сæ авторты хуызæн сты, уыцы хъуыды мæм аппаринаг нæ кæ- сы: уыйæппæт сагъæсты фæстиуæгæн цы уацмыс райгуыры, уым йæ авторы миддуне зыны. Иу ран ацы чиныджы хъайтар афтæ зæгъы: «Чи зоны, иууыл бæрзонддæр лæгдзинад а дунейыл хъизæмарæн фæразын у, цы бæрæг и. Дæ уды хъизæмар хъуамæ хæссай, фæразай, быхсай. Уымæн стырдæр лæгдзинад хъæуы...» (458 ф.). Айдæны кæсæгау зыны ацы рæнхъыты авторы зонд æмæ зæрдæйæ ратæдзгæ æнкъарæн. Нафи йæ удуæлдай куыстæй йæхицæн бæрзонд цырт самадта æмæ Нарт Сырдонæй куыд загътой: «Цалынмæ ацы фæндыр уа, уæдмæ...», зæгъгæ, афтæ, мæнмæ гæсгæ, зæгъæн ис: цалынмæ ирон дзыхæй дзурæг уа, уæдмæ Нафийы ном дæр цæрдзæн. 2006 аз ям тхя^р® лтлсжк (вжФУъю музъпуЕ Номдзыд адæймаг цалынмæ удæгас у, нæ цуры цæры, алыбон æй уынæм, уæдмæ нæм æппындæр цымыдис не ’взæрын кæны. Цæрæм иу горæты, иу уæлдæфæй улæфæм æмæ йæ не ’нкъарæм, куыд хъæздыг æмæ цымыдисон у не ’рвылбонон цард, уый дæр нæ цуры, нæ фарсмæ кæй ис, уымæй. Рацæуы рæстæг, аивгъуыйы уыцы адæймаг а дунейæ æмæ уæд цæхгæр фæхатæм, банкъарæм, ахсджиаг цыдæр нал фаг кæ- ны нæ цæстæн, нæ зæрдæйæн, нæ удæн. Ацы уацы кæй кой ракæнынмæ хъавын, уыцы адæймаг раст ахæм уыдис - ирон æхсæнадон царды стыр тыгъдад кæмæн уыд æмæ ирон адæмы удтыл цæрæнбонтæм йæ фæлмæн, хъарм фæд чи ныууагъта. Галаты Барис Алыксандры фырты ном - куыд ирон музыка- лон аивады стыр архайæджы ном - æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ æнæхъæн Советон Цæдисы дардыл бæстæйы дæр уыдис зынд- гонд! Уыдис æмæ уыдзæн! Цалынмæ ирон дзыхæйдзурæг уа, уæдмæ ирон зарæг нæ банымæг уыдзæн æмæ Галаты Барисы ном дæр уыцы зарджытимæ цæрдзæн.
Галаты Барисы аивадон сфæлдыстады æмæ йæ мидисджын царды тыххæй йæ рæстæджы фыстой газетты, журналты, юби- лей дæр ын сарæзтой^ Ордентæй, майдантæй, грамотæтæй йæ схорзæхджын кодтой. Йе сфæлдыстады тыххæй нырма ацы уацы лæмбынæг нæ дзурдзынæн, æрмæст иу зæрдылдаринаг цауы кой скæндзынæн. Уый у гуырахстджын чиныг «Ирон адæмон зарджытæ» - 1964 азы чи рацыд мыхуырæй Мæскуыйы æмæ ирон адæмы музыкалон уд æнусмæ чи бафснайдта йæ сыф- тыл. Ацы чиныгæй автор ирон культурæйы хæзнадонмæ иу- уыл хъаймагдæр хуын бахаста. Уым ирдæй зыны, куыд æгæрон уарзтæйуарзта Барис йæ адæмы, ирон зарæг, ирон адæмы сфæл- дыстад. Иæ бирæ азты æвæллайгæ куысты фæстиуæгæн цы чи- ныг райгуырд, уымæн æрмæг куыд æмбырд кодта æмæ чиныг кæй фæрцы федта рухс, уый дардыл дзуринаг у. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Галаты Барисы куыстыл би- рæ фыстæуыд, фæлæ уый фаг нæу, фылдæр æмæ хуыздæры ак- каг у нæ «ирон музыкæйы патриарх». Мæн фæнды йæ цардæй иу цалдæр цауы кой ракæнын, кæцыты мын йæхæдæг радзырдта æмæ сæ чиныгкæсæг нæ зоны. Æз зонгæ уыдтæн номдзыд композиторимæ, йæ цардæмбал Нинæ Уасилы чызгимæ. Студент уæвгæйæ, иурæстæджы Цхин- валы Пушкины уынгыл цардтæн æххуырсты. Арæх сæ уыдтон алыбон дæр, нæ чысыл горæты куыд вæййы, афтæ - кæдæм- фæнды фæцæйцæуай, зонгæ дыл фембæлдзæн. Зыдтон, ацы рæстæмбис, урссæр, къæсхуыртæ лæг композитор кæй у, «Сим- ды» кæй кусы, йæ бинойнаг Нинæ та стоматолог кæй у - сывæл- лæтты дохтыр, æмæ, раст зæгъгæйæ, семæ хæстæгмæ базонгæ уæвын мæ цæсгом нæ хъæцыд. Фæстæдæр мын фæзынд фадат: ме ’мкурсон студент Тедеты Гиви арæх фыста уацтæ, информацитæ культурон цардæй æмæ сæ мыхуыр кодта, куыд областон, афтæ республикон газетты дæр. Иуахæмы Галаты Барисыл дæр æрымысыд ныффыссын æмæ йæм иумæ бацыдыстæм хæдзармæ зонæнтæ райсынмæ. Абоны онг мæ нæ рох кæны, куыд рæдауæй, куыд зæрдиагæй нæ райстой сæ дыууæ дæр. Цалдæр уысммæ айсæфт нæ тыхстдзи- над, нæ къæмдзæстыг ахаст æмæ цыма рагон зонгæтæ, зонгæтæ нæ, фæлæ хиуæттæ уыдыстæм, афтæ хатыдтам нæхи. (Уыцы фем- бæлды фæстæ бирæ рæстæг рацыд æмæ йæ бамбæрстон - уæздан удыхъæды æмæ стыр интеллекты адæймæгтæ куыд хуымæтæг
сты се ’рвылбонон царды æмæ сæ алыварс уæвджытимæ ахас- тыты, куыд æнцон æмæ æхцон у уыдонимæ иудзинад). Барис æмæ нæ Нинæ хæдзармæ бахуыдтой. Бацыдыстæм. Чы- сыл хъæдынкъул хæдзар. Æртæ-цыппар къæпхæнджын асиныл балкъонмæ схызтыстæм æмæ къуындæг уатмæ бацыдыстæм. Фыццаг цæст цæуыл схæцыд - чингуытæ, журналтæ, газеттæ, нотæты сыфтæ æмæ стыр, рæсугъд пианино «Гранд», къулыл фæрссагмæ æввахс фотоныв - къаннæг лæппутæ (фæстæдæр сæм куы бацыдыстæм, уæд рабæрæг, уыдон сæхи сывæллæттæ уыдысты, чысылтæй фæхъуыдысты. Æндæр зæнæг сын нал ра- цыд æмæ зæры бон афтæ иунæгæй баззадысты). Барис Гивиимæ уырыссагау дзырдта æмæ, цы фæхатын хъуыд, уацхæссæгæн гуырдзиаг акцент кæй уыдис, уый? Хъуыд- даг уый мидæг уыдис, æмæ скъола гуырдзиаг æвзагыл фестæм каст æмæ институты дæр гуырдзиаг факультеты ахуыр кодтам, æндæр дзы цы гæнæн уыд 50-æм азты? Нинæ уый куы базыдта, уæд немæ гуырдзиагау райдыдта дзурын. Æз тынг фæдис дæн: - Нинæ Уасилы чызг, куыд æнæакцентæй æмæ сыгъдæг дзу- рыс ацы æвзагыл? - Тбилисы дæр ацардыстæм иурæстæджы, Боря уым куы ахуыр кодта, уæд, - мидбылты худгæйæ мын сдзуапп кодта. Фæ- лæ хъуыддаг канд уый мидæг нæ уыд. Барисы ус уыдис зынгæ гуырдзиаг фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Дмитрий Хъазбе- гийы чызджы чызг. Уæдæ гуырдзиагау сыгъдæг кæй зыдта, уым диссагæй ницы ис. Дмитрийы чызджытæй иу уыдис Брытъиа- ты Елбыздыхъойы ус. Ахæм хæстæджытæ кæй уыдысты, уый тыххæй Барис иу аз фæцардис Елбыздыхъотæм хъæуы. Галаты Барис иурæстæджы службæ кодта Деникины æфсады, уыдис трубæцæгъдæг (трубач). Деникины куы фæтардтой, уæд Барис дæр тарстис, йæ цæстмæ йын исты куы бадарой, уымæй, æмæ хæхты йæхи бааууон кодта. Уый фæстæ 1921 азы бацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм, уыдис хæсты дæр, стæй отставкæйы рацыд æмæ сæрысуангæй йæхи музыкæйæн снывонд кодта... Мах, Барисæй нæ цы хъуыд, уыдон блокноты фæфыстам, стæй сæ хатыр ракуырдтам, сæ рæстæг сын кæй байстам, уый тыххæй. Нинæ нæм рæвдаугæ цæстæй ракаст. - Цытæ дзурут! Алыхатт дæр-иу æрбацæут. Тынг æхсызгон нын уыдзæн. Арæх, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ цыдыстæм, ас адæм уыды- сты, сæхи куыст, сæхи хъуыддæгтæ сын уыд æмæ сæ ’фсæрмы
дæр хъуыд. Фæлæ та нæ иуахæмы бацæуын бахъуыд - æввахс кодта Барисы юбилей æмæ Гиви стыр радиоалæвæрд хъуамæ сцæттæ кодтаид [уæд радиокомитеты редакторæй куыста). 80 азы æххæст кодта Барисыл. Областы хицауад дæр цæттæ кодта мадзалмæ. Бацыдыстæм та Гивиимæ. Куыд зæрдиагæй та ныл сæмбæлдысты - хуртæ сыл ракаст. Барисы цæхæрадоны дидинджытæм зилгæ баййæфтам. Сывæллæттыл куыд баузæлы адæймаг, афтæ сыл-иу йæ арм æрхаста. Се стыр алыхуызондзи- надыл æз бадис кодтон, æмæ мын сæрыстырæй афтæ зæгъы: - У меня их 40 видов, - стæй, пионы къутæрыл цы æртæ диди- нæджы уыд, уыдонæй иу æдхъæд ратыдта æмæ мын æй балæвар кодта. Бирæ фæныхас кодтам æмæ бирæ цымыдисон хабæрттæ ра- дзырдта йæ цардæй. Уыцы бонты иу гуырахстджын радиоалæвæрд æнæхъæнæй æрмæст Барисы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй ацыд эфиры. Газеты дæр ныммыхуыр кодта Гиви очерк ахæм номимæ: «Ирон музыкæйы патриарх». Барисæн тынг æхсызгон уыдис, хъарм фыст, дам, дын у, фæбузныг дзы ис тынг æмæ бадзырдтой, бро- шюрæйы хуызы йæ рауадзыныл. Иуцалдæр боны дæр ма акуы- стой иумæ. Ноджы йын бирæ цымыдисон æрмæг радта йæ цард, йе сфæлдыстады тыххæй, йæхи къухæй фыст автобиографи 12 сыфон тетрадыл фыстæй: командировкæты кæмыты уыд, док- ладтæ кæм æмæ цы темæтыл бакаст Тбилисы, Мæскуыйы, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы кæмыты куыста, цы арæзта æмæ æндæртæ. Чысыл цыдæр хъуыддæгтæ бакъуылымпы кодтой чиныджы æмæ æрдæгфыстæй баззад. Ныр, нæ чингуыты ’хсæн цыдæртæ агургæйæ, уыцы тыппыр папкæйыл куы фæхæст дæн, уæд сыл мæ цæст рахастон æмæ мæм æвгъау фæкастысты: кæдмæ уы- дзысты ахæсты? Чысыл истытæ дзы уæддæр рахæссон, зæгъын, хурмæ. Чиныгкæсджытæ, уæлдайдæр æвзонг фæсивæд, нæ зондзы- сты: Галаты Барис музыкалон ахуырад райсыны охыл Бакойы консерваторимæ фæлварæнтæ куы радта, уæд ыл цыдис 37 азы! Уæдæ, уæдмæ кæм уыд, цы арæзта? - бацымыдис кæндзæн чиныгкæсæг. Байхъусæм ын йæхимæ: «Райгуырдтæн 1889 азы 10 марты (зæронд нымадæй) Черно- ярскы станицæйы, Терчы областы, Мæздæджы зылды. Мæ фыд
уыдис хæдзарон ахуыргæнæг, цæттæ кодта сабиты, станицæйы цы дины скъола уыдис, уырдæм фæлварæнтæ раттынмæ. Уый уыдис «приходская школа». Мæ ныййарджытæн ма мæнæй дарддæр уыдис лæппу æмæ чызг. Чызг 2-3-аздзыдæй амардис. Уый амарды фæстæ бинон- ты ’хсæн хъаугъа рауад æмæ мæ мад йæ цæгатмæ афардæг, фыд та, уæды æгъдаумæ гæсгæ, лæппуты сæ мадæн нæ радта. Уæд мæныл 7 азы цыдис, ме ’фсымæрыл - 4. Хъомыл нæ кодта нæ фыды мад Госæма. Ахуырдзинад æм ницы уыд, фæлæ, уый- хыгъд, зондджын æмæ хæларзæрдæ уыдис. Раджы фæицæдз ис æмæ йæ цард йæ хъæбулты хъæбултæн снывонд кодта. Ие ’ннæ лæппу, мæ фыдыфсымæр Бечыр - цардис Петербурджы, цыдæр чиновникмæ куыста, йæ хæдзармæ йын каст. Йæ мадæн дæр æххуыс кодта, фæлæ уымæн йæхицæн дæр уыдис, цæмæй цар- даид, уый: хъуццытæ, мæргътæ дардта, уыдис ын зæххы фадыг- дыргъдон дæр. Иудзырдæй, цух ницæмæй æййæфта...». Барис Алыксандры фырт дзырдта йæ царды хабæрттæ сабыр, ныллæг хъæлæсæй, йæ цæсгомыл райгæ мидбылхудт хъазыд, афтæмæй, йæ цæстытæ æхцон уымæл дардтой. Дард кæмдæр Терчы галиу фарс баззадысты уыцы рæсугъд бонтæ, азтæ семæ ахастой бирæ цинтæ æмæ бирæ хъыгтæ, - ахæм зæрдæмæхъар- гæ, фæлмæн хъæлæсæй дзуры, цыма рагон таурæгъ кæны йæ кæстæртæн. Æвæццæгæн, йæхæдæг дæр 70 азы размæ æвзонгæй афтæ цымыдисæй хъуыста, хъæуы хистæртæ сывæллæттæн ар- гъæуттæ, таурæгътæ, адæмон зарджытæ куы кодтой, уæд. «Станицæйы цы ирæттæ æмæ дыгурæттæ цард, уыдон 1805 азы хæхтæй æрцыдысты æмæ ам уырыссæгты фарсмæ æрцар- дысты. Уыцы дыууæ станицæ - Черноярск æмæ Новоосетинско- ейы цæрджытæ фидар хæцыдысты ирон æгъдæуттыл. Сывæл- лæттæ чысылæй фæстæмæ дардтой ирон национ дарæс. Стани- цæйы ахæм æгъдау уыд: зæрæдтæ-иу изæрыгæтты æрæмбырд кодтой 5-8-аздзыд лæппуты æмæ сын ирон адæмон кæфтытæ амыдтой. Уæлдай хъусдард уыд къахфындзтыл кафынмæ. Æз 12-аздзыдæй хайад истон концертты, уыдон та алыаз дæр цы- дысты Петербурджы «Кавказское землячество»-йы хъæппæ- рисæй. Ацы концертты организацион комитеты уыд Тугъан- ты Махарбег. Уымæн хæсгонд уыдис концертон изæр аивадон æгъдауæй сфæлындзын». Цалынмæ чысыл Барисы йæ фыдыфсымæр Петербургмæ акодтаид ахуырмæ, уæдмæ уал æй йæ фыды мад Госæма хæстæг
станицæ Екатериноградскмæ акодта, цæмæй уырыссагау дзурын сахуыр уыдаид. Уым æй иу уырыссаг бинонтæм Дубровскитæм бакодта, куыд фатеры цæрæг. Фысымæн йæхицæн 5 сывæллоны уыдис æмæ, зæгъгæ, уыдонимæ сахуыр уыдзæн уырыссагау. «Æз райсомæй иу къуыпрагъ ахуыргæнæгмæ цыдтæн æмæ мын арифметикæ æмæ растфыссынад амыдта. Стæй-иу нын фы- сым фæйнæ къæбæры хус кæрдзын радта æмæ хуытæ хызтам быдыры. Бæрæгбонты-иу уыцы кæрдзынмæ хъæдындз æмæ джитъри дæр бафтыдтой. Иухатт хъазыныл фестæм æмæ нæ хуытæй иу æрбатары. Изæры Дубровский фыццаг йæхиуæтты фæнадта, стæй мæнæн дæр мæ къæбутæн ахъаззаг февæрдта. Уыцы ’хсæв хъæццулы бын кæугæйæ арвыстон, стæй дыккаг бон сæрвæтæй ахъуызыдтæн, нæхимæ смидæг дæн. Нанайы цинæн кæрон нал уыд, фæлæ изæры мæн агурæг фургоныл æртæ хъа- захъхъаджы нæ кæрты куы ’рбалæууыдысты, уæд ма йын æй цы базонын хъуыд, хъуызгæ кæй ракодтон. Уыдонмæ нал акуымд- тон, фæлæ мæ иу-дыууæ боны фæстæ лæгъстæмхасæнты мæ на- найы æфсымæр Соситы Нокка фæстæмæ акодта, æрмæст уыцы фысымтæм нал, æндæртæм - Толчаниновтæм. Уыдон тынг фæлмæн, зæрдæхæлар адæм разындысты, бауарзтой мæ æмæ зæрондæй дæр сæ дзæбæхдзинад мæ зæрдыл дарын». Дыууæ мæйы фæстæ йæ Госæма ракодта æмæ, станицæйы цы дины скъола уыд, уырдæм æй радта. Ам дæр та цыдæр раст нæ сарæзта æмæ йын сауджын йæ русæн ахъаззаг дзæхст ныккодта æмæ йæ къласы раз йæ зонгуытыл слæууын кодта. Куыддæр сауджын иуæрдæм фæзылд, афтæ лæппу фæгæпп ла- ста æмæ хæдзармæ лыгъд радта. Æрбалыгъд хæдзармæ æмæ йæ нанайæн загъта, куы ма мæ акæнай скъоламæ, уæд Терчы мæхи баппардзынæн, зæгъгæ. Цы гæнæн ма йын уыд æмæ йæ ныууагъ- та. «Ууыл фесты мæ станицæйы университеттæ», - загъта Барис. Тагъд, 1898 азы йæ фыдыфсымæр æрцыд Петербургæй æмæ йæ йемæ акодта. «Ралæууыдысты мæ сабибонты иууыл зындæр бонтæ. Тынг мысыдтæн мæ уарзон, рæвдауаг нанайы, ме ’мгæртты. Мæ цæс- гомæй айсæфт мидбылхудт, худын мæ ферох». Ам ын репетитор баххуырстой иу студент Хæдзарагты Буцæ, зæгъгæ, уый. Уый дæр ын амыдта математикæ, растфыссынад. Афæдзы фæстæ йæ, 1899 азы айстой Петербурджы I реалон ахуыргæнæндонмæ, пан- сионы дæр ын радтой бынат æнæаргъæй. Пансион ын фыццаг
бонæй фæстæмæ хи хæдзарау фæадджын, æрмæст ма йæ нана нæ уыд йæ цуры æмæ йæ мысыд, фæлæ йæ ахуыргæнджытæ рæвдыдтой æмæ йын цæрын æнцон уыд: «Мæ амæлæты бонмæ мæ никуы ферох уыдзæн, мæ ахуыргæнджытæ мын сæ уды хъар- мæй мæ зæрдæ куыд батавтой, уый. Уыдон уыдысты къласгæс Кусовников Алексей Николаевич, Племянникова Виктория Ра- фаиловна, директор æмæ музыкæйы ахуыргæнæг Брандт Юлян Адольфович æмæ æндæртæ», - загъта Барис. Брандт симфонион оркестры солист дæр уыд, нымад лæг, хæларзæрдæ, сывæллæт- тæн уарзын кодта музыкæ йæ ахастæй, йе стыр бæрндзинадæй. Ахуыргæнæндоны уыд зарджыты къорд. Барисæн уыд сыгъ- дæг, тыхджын, зæлланггæнаг хъæлæс æмæ йыл иууылдæр сæ цæст æрæвæрдтой. Сæ репертуары солæйон зарджытæ иууыл- дæр уый æххæст кодта. Цыдæриддæр дзы уырыссаг æмæ фæса- рæйнаг классикты зарджытæй уыд, Барис сæ афтæ æнцон, сæ- рибарæй, бæрзонд æмвæзадыл æххæст кодта, æмæ-иу сценæмæ- кæсджыты дисыл бафтыдта. Брандт уыдта, Барис музыкæйæн гуырд кæй у, уый, æмæ иннæты уæлдай уыимæ фылдæр куы- ста, хæдзармæ дæр-иу æй акодта, амыдта йын виолончель æмæ фортепианойыл цæгъдын. Брандт ма кæмдæр æндæр бынаты дæр куыста æмæ-иу концерт куы уагъта, уæд-иу Барисы дæр йемæ акодта, цæмæй оркестр тыхджындæр рауадаид. Уымæй йæ ахуыр кодта сценæйыл йæхи дарын, фæстагмæ йын дириже- ры хæстæ дæр йæ бæрны бакодта. Иудзырдæй, зæрдиагæй ар- хайдта, цæмæй Барисæн йæ музыкалон курдиат кæронмæ рай- хæлдаид. Хъыгагæн, Бечыры та фæндыд, цæмæй лæппу реалон ахуыргæнæндоны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодтаид æфсæд- дон хаххыл. Барис дæр æмæ йæ фыд дæр разы нæ уыдысты йе- мæ. Брандт дæр афæлвæрдта Бечыримæ, цæмæй лæппуйы му- зыкалон цардæй ма фæиппæрд кодтаид, фæлæ дзы ницы рауад. 1909 азы фæцис йæ ахуыр Барис æмæ бар-æнæбары æфсæддон хаххыл адарддæр кодта йæ фæндаг. 1910 азы Брандт Барисæн рекомендацион фыстæг рарвыста Михайловойы1 æфсæддон ахуыргæнæндоны капельмейстермæ. Æрцыд Барис Тбилисмæ æмæ йæ ахуыргæнæндоны юнкерæй ныффыстой æмæ йæ капельмейстеры æххуысгæнæгæй дæр сны- сан кодтой. Капельмейстер Гиджин ма æндæр бынаты дæр куы- 1 1917 азмæ Хашур хуынди Михайлово.
ста æмæ-иу ардæм кæд æрмæст мызд райсынмæ ’рцыд, æндæр ницы куыста. Оркестримæ Барис райдыдта, куыд зыдта, афтæ зæрдиагæй кусын. Репертуар сног кодта, æмæ ахæм концерт бацæттæ кодта, æмæ диссагæн баззад. Йæ хорз куысты тыххæй йæ сыгъзæрин риуылдарæн нысанæй схорзæхджын кодтой. Æфсæддон ахуыр куы фæцис Барис, уæд æй арвыстой хъа- захъхъæгты бæхджын полкмæ. Ацы полк уыд Ираны. Æрцыд полкмæ æмæ йæ снысан кодтой оркестры разамонæгæй. 1914 азы та йæ ракодтой Мæздæджы полкмæ. Уæдмæ хæст райдыдта æмæ йæ Уæрæсе-Турчы фронтмæ арвыстой. Хæст куы фæцис, уæд Барис цардис хæхты - фыссæг Брытъиаты Елбыз- дыхъомæ. 1921 азы бацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. 1923 азы демобилизацигонд æрцыд æмæ цардис Бакойы. Ам арæх æм- бæлд композитор Панов Михаил Евгенийы фыртимæ, Дудараты Аслæнбеджы (зынгæ дирижер Вероникæйы фыд) бинонтимæ. Ам-иу цагътой пианинойыл, Барис дæр-иу йæ ирон зарджытæ цагъта. Панов ын дзырдта, консерваторимæ бацу, зæгъгæ, куыд ис уый гæнæн, ахæм музыкалондзинад дæм ис æмæ дзы ма спай- да кæнай, куыд æмбæлы, афтæ. Уæд Барисыл цыд 37 азы. Рад- та фæлварæнтæ Бакойы консерваторимæ æмæ та сæ йæ ирон рæсугъд музыкæйæ дисыл бафтыдта. «Фæлварæнтæ истой Га- джибеков У., Панов М. æмæ æндæр æртæ лæджы. Æз ацагътон ирон кафты музыкæ «Ханты цагъд», фортепианойæн мæхи ба- куыстгондæй. Фæлварæн ацыд тынг хорз. Афтæ сдæн 1925 азы композиторон факультеты студент. Мæхи амондджыныл баны- мадтон - мæ рагон бæллиц сæххæст», - райгæ нын загъта Барис. Барисы айстой М. Я. Поповы къласмæ. Уæдмæ уал иуцас- дæр рæстæг ацахуыр кодта композитор У. Гаджибековимæ æмæ йæм стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодта ирон адæмон зар- джытæм. Барис цы къласы ахуыр кодта, уым бæрцæй уыд цыппар лæп- пуйы, иннæ æртæ уыдысты хæрз æрыгон - 20 азы кармæ хæстæг, Барисыл та цыдис 40 азмæ æввахс. Йæхæдæг куыд зæгъы, аф- тæмæй сæ хæлар уæвынæн кар ницы хъыгдардта, тынг хорз æм- бæрстой кæрæдзи æмæ сын уыцы хæлардзинад ахаста кæронмæ. Барис фыццаг аз куыста ирон кæфтыты музыкæйы вариаци- тыл æмæ афæдзы кæронмæ цыдæриддæр сарæзта, уыдон тынг фæцыдысты йæ ахуыргæнджыты зæрдæмæ. Сæрды улæфтыты сæ куы рауагътой, уæд та йын бахæс кодта ирон кафт æмæ зар-
джыты тексттыл бакусын. Барис рацыд Цæгат Кавказмæ. Йæ рацæуыны агъоммæ йæ Попов базонгæ кодта номдзыд дири- жер Николай Андрейы фырт Малькоимæ. Уый уыцы рæстæджы Бакомæ æрцыд, цæмæй цалдæр симфонион концерты ауагътаид. Барис ын йæ репетицитæм цыд, концерттæй та иу дæр нæ уагъ- та. Попов Малькомæ бахатыд, цæмæй Барисæн бацамыдтаид дирижерон техникæ. «5 урочы мын ауагъта, - дзырдта Галайы- фырт, - стæй фæсарæнтæм ацыд æмæ ууыл фесты мæ дирижерон уроктæ. Куы цыд, уæд бафæдзæхста Барисæн, цæмæй йæ ахуыр æнæмæнгæй адарддæр кодтаид Мæскуыйы кæнæ Ленинграды. Сæрды улæфты фæстæ Бакомæ куы æрыздæхт Барис, уæд йæ уарзон ахуыргæнæг Поповы æрæййæфта мардæй. Тынг ыл бандæвта ахæм хæлары амæлæт æмæ æндæр къласмæ ахызт. Ам æй композитор Карагичев баразæнгард кодта, цæмæй йæ ахуыр адарддæр кодтаид Ленинграды консерваторийы. 1927 азы ацыд Ленинградмæ, æрцагуырдта йæ зонгæ профессор Кушнаревы æмæ йæ уый бакодта консерваторимæ. «Вестибюлæй асинтыл уæлæмæ куы сцæйхызтыстæм, уæд бынмæ æрцæйхызт бæрзонд, бæзæрхыг лæг, уыдис ын тызмæг- æнгас цæсгом. Уый разынд консерваторийы директор Глазунов. Кушнарев нæ базонгæ кодта æмæ йæм бахатыд, цæмæй мæм байхъуыстаид, рæстæг ын куы фæуа, уæд. Глазунов чысыл ахъуы- ды кодта, стæй раздæхт фæстæмæ, загъта, рацæут, дам, мемæ. Ацыдыстæм. Иу къласмæ нæ бакодта. Уыдис дзы пианино. Глазу- нов Кушнаревæн загъта, ахиз æмæ иу-æртæ ахуыргæнæджы ра- цагур [сæ мыггæгтæ дæр сын загъта). Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй уыдон уыдысты профессортæ П. Б. Рязанов, В. В. Щер- бачев æмæ консерваторийы проректор А. В. Оссовский. Цалын- мæ Кушнарев уыдон агуырдта, уæдмæ мæн Глазунов лыстæ- джыты фæфарста: кæцæй æрцыдтæн, кæм цæрын, цæмæй цæ- рын æмæ афтæ дарддæр. Йæ манерæ - сабыр хъæлæсæй дзу- рын - æмæ йæ бæзæрхыг сконд кæрæдзийыл нæ бадтысты. Йæ хуымæтæджы ахаст, йе стыр æнкъарынад мын мæ уд батавтой. Музыкæйæ мæ фыццаг ахуыргæнæг Юлян Брандт кæй уыд, уый йын куы загътон, уæд ын тынг æхсызгон уыд. Римский-Кор- саковимæ зонгæ кæй уыдтæн, уый йын куы загътон, уæд бын- тон сцыбæл ис. Профессортæ куы ’рбамбырд сты, уæд сын Гла- зунов афтæ зæгъы: «Уæ разы ис, 38-аздзыдæй музыкæ сахуыр кæнынмæ йæ гæрзтæ чи рабаста, ахæм адæймаг».
Нотæтæ мæ куы 'рдомдтой; уæд сын басастæн, ахæмтæй мæм кæй ницы ис, нотæтæ фыссын рæстмæ кæй нæ зонын, ууыл. Уæд мын загъта, сбад пианинойы раз æмæ ацæгъд, цы зоныс, уый, зæгъгæ. Тынг фæтыхстæн, фæлæ уæддæр ацагътон Чайковски- йы «Октябрь», ирон адæмон зарæг «Ботазы зарæг», мæхи ба- куыстгондæй æмæ ма ирон кафт «Ханты цагъд». Раст зæгъгæ- йæ, æвзæр ацагътон, къухтæ рызтысты æмæ клавишæтыл нæ хæст кодтой. Мæ цæсгомыл, риуыл хид куыд лæдæрст, уый ха- тыдтæн. Мæ къæхтæ гæпп-гæпп кодтой æмæ, кæцы педалыл хъуыд хæцын, ууыл нæ хæст кодтой. Куы фæдæн цагъд, уæд мын Глазунов загъта, чысыл, дам, нæ хибарæй фæуадз. Рахызтæн. Мæ фæстæ рахызт Кушнарев дæр æмæ мын худгæйæ афтæ зæгъы: «Барис Александрович, куыд тæппудæй равдыстай дæхи? Цы- ма курдты æрхъулайы бахаудтæ...». - Ныртæккæ æз ахæм æрхъулайæ раирвæзтæн, æмæ уый цур курдтæ ницы сты. - Кушнарев ахæм хъæрæй ныххудт æмæ къласæй студенттæ ракалдысты, - цы уыдис, зæгъгæ. Кушна- рев къласмæ баздæхт æмæ ныр уырдыгæй райхъуыст Гомерон худты хъæр, - æвæццæгæн сын мæ ныхас радзырдта æмæ уыдон дæр райдыдтой худын. Бахуыдтой мæ мидæмæ æмæ мын загътой, цæмæй ацæуон Мæскуымæ æмæ наркомпросæй исчердæм бар райсон, куыд уæл- вæткон цау, афтæ мæ консерваторимæ айсыны тыххæй, уымæн æмæ консерваторимæ, 28 азæй фылдæр кæуыл цыд, уыдон нæ истой. Барисæн уыцы карз зымæджы Ленинградæй Мæскуымæ ацæуыны фадат нæ уыдис. Уæд Кушнарев бахаста ахæм фæн- дон, цæмæй йæ Мусоргскийы номыл централон музыкалон тех- никуммæ айстаиккой. Ацы хъуыды æвзæр нæ фæкаст иннæтæм дæр, уымæн æмæ уыцы техникумы уыд, Барисы чи хъуыд, ахæм хайад, стæй лекцитæ консерваторийы чи каст, ам дæр уыцы про- фессортæ кастысты. «Æз сразы дæн уыцы хъуыдыйыл æмæ 1927 азы 1 ноябры ба- хызтæн Ленинграды централон музыкалон техникумы къæсæ- рæй, бахаудтæн композитор Борис Петры фырт Рязановы кълас- мæ. Ам педагогты сконд уыд фидар. Куыстой дзы Б. Б. Асафиев, X. С. Щербачев, П. Б. Кушнарев, А. С. Рязанов, Эвальд æмæ бирæ æндæр зынгæ адæймæгтæ, музыкалон аивады хорз зындгонд педагогтæ».
Барис йæхæдæг уыдис тынг æгъдауджын, стыр культурæйы хицау, ирон сыгъдæг æгъдауыл хъомыл: фæлмæнтæ, хиуыл- хæцгæ. Иæ ахуыргæнджытæ, йе ’мгæрттæй афтæ буц кæй уыд, кæй сæ æппæлыд, уый фылдæр йæхицæй цыд, йæ парахат адæй- магдзинадæй. Уæдæ ма йæхæдæг гуымир ахасты хицау уыдаид, æндæра йыл уæд дæр афтæ цæрддзу кодтаиккой. Уæлдæр цы педагогты кой кæны, уыдонимæ йын тынг хæлар ахастытæ уыдис æмæ сæм сæвзæрд стыр цымыдисдзинад ирон музыкæмæ. Уый тыххæй сæ ноджы фылдæр уарзта æмæ сын кад кодта. «Кушнарев Христофор Степаны фырт мæ хъуыдыйы базза- дис, фау æрхæссæн кæмæ нæй, ахæм адæймагæй. Уæрæх уды- хъæд, нæртон зæрдæйы хицау, рæдау æмæ саламджын. Уый мын лæвæрдта гармоникæ æмæ полифенийы уроктæ. Стыр кур- диаты хицау уыд. Мемæ-иу куы куыста, уæд рæстæгыл дзырд никуы цыд: цалынмæ-иу темæ кæронмæ дзæбæх нæ бамбарын кодта, уæдмæ мæ никуы рауагъта. Тынг архайдта, цæмæй ирон музыкæйы спецификацийæ ма фæиппæрд уыдаин. Йæ хъус дардта мæ царды уавæртæм æмæ мын баххуысмæ алыхатт дæр цæттæ уыдис. Нæ базонгæйæ фæстæмæ мын иууыл уый дзырд- та, зæгъгæ, ирон адæмон зарджытæ æмæ кæфтыты инструмен- талон музыкæйы фонозапистæ æнæмæнг саразын хъæуы. Ирон адæмон музыкæ æрæмбырд кæныны хъуыддаджы мын æгæрон ахъаз фесты Кушнаревы амындтæ. Мæ хуыздæр мысинæгтæ баст сты мæ хуыздæр, зæрдæхæлардæр ахуыргæнджытимæ. Нæ адджын, æнæлаз хæлардзинад кæронмæ уыд сыгъдæг æмæ иу- зæрдион. Афтæ ма мæ мьиынады баззад мæ ахуыргæнæг æмæ мæ удæн æхцон адæймаг Петр Борисы фырт Рязановы фæлгонц. Уый мын амыдта, мæ мелодион хъуыдыкæнынад куыд фæуæрæхдæр кæ- нон, уый. Фыццаг аз мын амыдта техникумы, стæй та йæм цыд- тæн хæдзармæ. Нæ куысты, ахуыры рæстæг цыд хæлар уавæры, æмгар æмгаримæ куыд фæныхас кæны, ахæм хуызы. Уый-иу ацагъта дунеон классикæйæ исты, стæй та-иу мæхи фыст уац- мыстæй исты равзæрстам. Уый амындæй æз фыстон бирæ фæлтæрæнтæ мелоди рапарахат кæныны фæдыл. Мæ куысты-иу мын исты рæдыд куы ссардта бæрæг кæныны рæстæджы, уæд-иу æй афтæ уæзданæй бараст кодта, мæнæн зын куыд нæ уа. Никуы уыд ахæм хабар, æмæ мын мæ рæдыды тыххæй афтæ бауайдзæф
кодта, мæ зæрдæмæ йæ арф куыд айстаин, мæ ных бакъуырын кæм хъуыд, уым дæр афтæ уæзданæй, хиуылхæцгæйæ. Адæмон зарджыты стильмæ æмхиц кæй дæн, уый Рязанов куы фæхатыд, уæд мын бахæс кодта, цæмæй иуцалдæр ирон текс- тæн ныффыстаин музыкæ. Æз духовон оркестрæн ныффыстон ирон марш æмæ цалдæр кафты, музыкæ та тæнон оркестрæн. Ацы кæфтыты бахаста, ахуыргæнæндоны цы оркестр уыд, уый репертуармæ. Цæгъдгæ сæ мæхæдæг кодтон æмæ мæм лæмбы- нæг хъуыста. Иудзырдæй, Рязановæй тынг бирæ лæггад зонын. Кæддæриддæр цæттæ уыдис мæнæн цыфæнды хуызы дæр бах- хуыс кæнынмæ. Уый мæнæн мæ фарсмæ æххуысæввонгæй куыд лæууыд, ахæм хабар лæг йæ тугхæстæгæн дæр зынæй сараздзæн. Цыдæриддæр музыкæйы фадыджы зыдта, цæттæ уыд мæнæн сæ схæлар кæнынмæ. Иуахæмы мæ афтæ бафарста: - Музыкæ афтæ зæрдиагæй куы ахуыр кæныс, уæд дын цавæр нысан ис, цæмæ тырныс, цы саразын ис дæ зæрды? - Фæнды мæ мæ дæсныйад сфидар кæнын, хорз æй базонын. - Уый æрмæст дæхицæн, дæ адæмæн та? - фарстмæ бафтыдта Кушнарев. Сæ дыууæ дæр мын фидарæй уырнын кодтой, ирон фольклор æнæмæчг фыст кæй хъуамæ æрцæуа æмæ уый та хъуамæ саразон комкоммæдæр æз. Баныфс мын æвæрдтой, композицийы теори мын сæ дыууæ дæр фидарæй кæй амондзысты нырæй фæстæмæ дæр, фæлæ фольклоры нысаниуæг композиторы куыстæй къад- дæр кæй нæу, уый». Семæ сразы ис Барис æмæ дыккаг бон Кушнаревимæ бацыды- сты этнографийы институтмæ, академик И. А. Обелимæ. Уый сæ арвыста академийы фонограммæты архивы т/,ъухдариуæггæнæг Гиппиусмæ. Ам хъуыддагмæ иттæг бацымыдис кодтой æмæ сын баххуысæй ныфс дæр бавæрдтой, хъæлæсфыссæн аппарат дик- тофонимæ куыд кусын хъæуы, уый дæр ын бацамыдтой. Уыцы рæстæджы Гиппиус фонозапистæ уагъта Цæгат адæмты инсти- туты æмæ уыдон номхыгъдмæ бахаста Барисы дæр. Райдыдта Барис ам кусын, фæлæ техникумы йæ ахуыр дæр нæ ныууагъта. 1928 азы Барис йæхи срæвдз кодта Цæгат Кавказмæ рацæ- уынмæ. Е. В. Гиппиусы фæрцы йæ этнографийы институт срæвдз кодта, цы дзаумæттæ йæ хъуыд, уыдонæй - хъæлæсфыссæн аппаратурæ, валиктæй æмæ уыцы аз 3 июлы рацыд Дзæуджы- хъæумæ. Æртыккаг бон райдыдта, Цæгат Ирыстоны цы хъæу- ’Ф^с^^/-529 ^^о-^©> *34
тæ уыд, уыдоныл зилын, дыууæ къуырийы дæргъы куыста æмæ ныффыста 360 адæмон зарæг æмæ инструменталон музыкæйы цæгъдтытæ. Сентябры кæрон æрыздæхт Ленинградмæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта йæ уарзон профессортæ Кушнарев æмæ Рязановимæ. Уыимæ ма, цы æрмæг æрæмбырд кодта, уыдон хъуыдис нывыл æркæнын, паспортизаци сын скæнын. Алцыдæр нывыл сарæзта æмæ сæ радта этнографийы институты архивмæ. 1929 азы та йæ ацы институт арвыста командировкæйы Хус- сар Ирыстонмæ. Ам дæр та диктофоныл ныффыста 320 адæмон зарæг æмæ кафты мелодитæ, бакуыста сыл æмæ та уыдон дæр радта институты архивмæ. Рязанов ирон музыкæмæ афтæ тынг кæй цымыдис кодта, уый бамбæрста Барис æмæ йæ æрхуыдта Хуссар Ирыстонмæ. Уый ма цин дæр бакодта æмæ 1932 азы июлы мæйы æрцыдысты Ста- линирмæ. Барис æй æртæ боны дæргъы фæзилын кодта Хъемул- та, Цъон, Къуайсайы кæмтты цы хъæутæ уыд, уыдоныл. Цы ба- куыстой, уый æрбæстон кодтой, стæй бæхтæ баххуырстой æмæ ацыдысты Рукъгоммæ. 2 боны фесты Дзауы, иу бон - Уанелы, стæй ацыдысты, чысыл куы бауадысты, уæд уæлæмæ хæхтыр- дæм фæзылдысты. Бахъуыд сæ къахæй цæуын: Рязанов уыдис стыртæгонд лæг, хæрды саргъ фæстæмæ бырыд æмæ-иу бæх хурх кодта. Куыд уæлæмæ цыдысты, афтæ Рязановæн улæфын зындæр кодта. Стыр фыдæбæттæй изæрмилты Дзомагъмæ ба- хæццæ сты, балæууыдысты Дзугаты Хасæхъойы хæдзары. Ха- сæхъо нымад лæг уыд уыцы комы, рæвдз уыд зарынмæ, разынд сын нæртон фысым. «Дзомагъы иу къуыри баззадыстæм, - зæгъы Барис. - Райсо- мæй фæсахсæвæртæм фынг уыд æнæист - йемыдзаг уыдис алы- хуызон ирон хæринæгтæй. Бонæй-иу æрбамбырд кодтам ацæр- гæ лæгты, уыдон нын дзырдтой ирон царды, ирон æгъдæутты тыххæй, зарыдысты ирон зарджытæ, мах та сæ фысгæ кодтам. Изæрыгæтты-иу æгас хъæу æрæмбырд сты Хасæхъотæм, ацæр- гæтæ фынджы уæлхъус гаджидаутæ уагътой, фæсивæд та кæрты кафыдысты. Фæндзæм бон мын Рязанов балæгъзтæ кодта, мæ бон, дам, налдæр хæрын у, налдæр - нуазын æмæ дарддæр ацæ- уæм. Дзырдтон ын, зæгъын, кæцыфæнды хъæуы дæр ныл афтæ æмбæлдзысты, мах фысымы бар стæм æмæ нын дзы фæлидзæн никуыдæм ис.
23 июлы хæрзбон загътам нæ рæдау фысымæн, æгас хъæу нæ фæндараст кодтой, цалдæр лæгæй та немæ рацыдысты Уæллаг Ручъы онг. Ам развæлгъау зыдтой не ’рбацыд æмæ Плиты Никъайы хæдзары алцыдæр нывыл цæттæ уыд. Фондз боны фестæм ам æмæ нын Никъа æмæ йе ’фсымæртæ Сачино, Къола, Уасикъо æмæ сæ иунæг хо Уæлгъа цы фесты, уый уыд æцæг бæрæгбон. Райсомæй-иу азылдыстæм æрдзмæ, сихорæй фæстæмæ та хъуыстам ирон адæмон зарджытæм, æххæст сæ кодтой Плиты æфсымæртæ сæ хоимæ. Уæлгъа дæр зарыд тынг хорз, фæлæ уæлдай цымыдисимæ хъуыстам хъисфæндыримæ Нарты кадджытæм. Изæр-иу Никъатæм æрæмбырд сты æгас хъæу. Ам дæр хистæртæ фынгыл бадтысты, кæстæртæ - кафгæ. Ахæм хъæлдзæг бадт-иу ахаста 2-3 сахатмæ. Цыппæрæм бон мæ Рязанов фæрсы: «Можно ли из Рук послать телеграмму?» Куыд нæ, зæгъын. Уæд сбадт æмæ ахæм телеграммæ ныффы- ста йе ’мкъаймæ: «Здесь живу прекрасно, спился окончательно». Дзæбæх фæхудтыстæм. Дыккаг бон бузныг загътам нæ нæртон фысымтæн æмæ Ерманы ’рдæм ацыдыстæм. Хъелы цады цур бæхты кæрдæгыл ауагътам, райстам хæринæгтæй йедзаг хор- дзен, уыдис дзы дзаджджын уæливыхтæ, карк, цыхт, дыууæ- уагъд арахъхъы авг. Арахъхъ нал æруагъта уазæджы зæрдæ, фæлæ дзæбæх басихор кодтам æмæ æрхуыссыдыстæм. Уазæг бæхыл цæуын ахуыр нæ уыд æмæ-иу тагъд афæллад, уайтагъд афынæй. Куы райхъал, уæддæр ма иудзæвгар абадтыстæм, æр- дзы рæсугъд нывтæм кæсынæй не ’фсæстыстæм. Ардæм нæм æрбацыдысты гуырдзиаг фыййæуттæ. Базыдтой мæ: Ленинго- ры сын концерттæ уагътон æмæ уый сæ зæрдыл дардтой. Сæ иу зыдта уырыссагау, Хъызлары бирæ азты фæцис æмæ уым сахуыр ис, фæцин ныл кодтой. Нæ бæхтæ нын æрцахстой, аифтонг сæ кодтой æмæ фæстæмæ рацыдыстæм. Изæрмæ ныххæццæ стæм Ерманмæ æмæ нæ Фæрниатæ суазæг кодтой. Райсом рацыдыс- тæм, иу æхсæв ма Дзауы фестæм, стæй æрцыдыстæм Цхинвал- мæ. Бæхты сæ хицæуттыл афтæ хæрзхуызæй куы сæмбæлын код- там, уæд ма нын бузныг дæр загътой». Иу дыууæ къуырийы ма аззад Рязанов Чъребайы, цард Гала- тæм æмæ куыстой, цы фольклорон æрмæг æрæмбырд кодтой, уыдоныл, уый фæстæ ацыд Ленинградмæ. Барис дæр сентябры фыццаг бонты ацыд йæ ахуырмæ. Ахуыры фæстаг аз фæуд кодта æмæ Барис йæ тыхтыл нал ауæрста, цæмæй фылдæр базыдта-
ид, хуыздæр фæлтæрддзинад райстаид æмæ йын йæ дарддæры куысты мацы цæлхдур уыдаид. 4 азы дæргъы биноныгæй са- хуыр кодта зарды теори æмæ практикæ зындгонд профессор И. В. Немцовы аудгæ куысты фæрцы. Бирæ хъарм ныхæстæ йæм уыд ацы ахуыргæнæджы тыххæй. Мæ амæлæты бонмæ дæр, дам, мæ нæ ферох уыдзысты, куыд тынг мыл аудыдта, куыд тыхст, цæмæй фылдæр æнтыстытæ бафтыдаид мæ къухы. 1930-31 азты Барис ахуыр кодта централон техникумы Ин- струменталон педхайады, уыйæмрæстæджы куыста Кушнарев æмæ йын Рязанов кæй бахæс кодтой, уыцы æрмæджытыл дæр. Изæрыгæтты-иу фоно-запистæ бæстон кодта, арæзта сын рас- шифровкæ. Уыцы рæстæджы ма композитор Арапов райдыдта кусын Барисимæ, куыд бакусын хъæуы зарæгыл, хъæлæс, тембр æмæ диапазоныл, уыдæттæ йын амыдта, Араповы разамындæй бакуыста йæ фыццаг музыкалон уацмыстæ - драмæтæ «Хазби», «Дыууæ хойы», «Марш» æмæ æндæртæ. 1931 азы каст фæцис музыкалон техникум, хæрзбон загъта йæ уарзон ахуыргæнджытæн æмæ уæдæй фæстæмæ йæ цард снывонд кодта ирон музыкалон аивадæн. Уæд Хуссар Ирыстоны автономон областы адæмон ахуырады хайады гæсæй куыста Ты- былты Алыксандр. Уый æрхуыдта Барисы ардæм. 1931 азы 5 октябры Барис поездыл æрцыд Гурмæ, уырдыгæй Чъребамæ та фаэтоныл. Ахæм къæвда бон уыдис æмæ-иу фаэтон цъыфы ныссагъд, бахъуыд-иу сæ рахизын, цæмæй йæ цъыфæй сласой. Баталынг, афтæ æрхæццæ сты æмæ бафысым кодта йæ усы фыд Ататы Никъолозмæ. Дыккаг бон адæмон ахуырады ха- йадмæ бацыд æмæ йыл тынг бацин кодтой. Уавæримæ базонгæ уæвгæйæ, ахæм хатдзæгмæ æрцыд, зæгъгæ, æнæмæнг бацæттæ кæнын хъæуы национ музыкалон кадртæ. Уый куынæ уа, уæд ирон музыкалон культурæ размæ нæ ацæудзæн. Барис Цхинвалмæ фыццаг хатт куы ’рцыд 1929 азы, уæд Тбилисæй йемæ рахаста ахуырадон план. Уыцы планмæ гæсгæ Цхинвалы бакодтой музыкалон скъола. Директорæй йын снысан кодтой Уанеты Сергийы. Барис фæстæмæ Ленинградмæ аздæхт йæ ахуырмæ, скъоламæ хъусдарæг нæ уыдис æмæ æдзæллаг уа- вæрмæ æрцыд: нæ йын уыд агъуыст, æххуысгæнæг ын никуы- цæй фæцис, фæлæ уæддæр уый Ирыстоны музыкалон ахуыра- дæн æрæвæрдта бын. Барис ахуыр куы фæцис, уæд æрцыд æмæ
ацы скъолайы райдыдта кусын, стæй ма педахуыргæнæндоны сарæзта зард æмæ кафты ансамбль æмæ уымæн разамынд кодта. Барис бацархайдта, цæмæй музыкалон скъолайы нотæтæ амыдтаиккой сывæллæттæн алы къласы дæр. Областы уæд иу- нæг специалист уыдис æмæ йын æхсæвæй, бонæй æрулæфт нæ уыдис. «Мæ куыст-иу 9 сахатыл райдыдта педахуыргæнæндо- ны, уым уыдтæн 2 сахатмæ, 3 сахатæй авдмæ - музыкалон скъо- лайы, стæй та фæстæмæ педахуыргæнæндоны 12 сахатмæ: куыс- тон хоримæ, духовон оркестримæ, кафджытимæ». Афтæ фæ- куыста 1939 азмæ, уыцы аз ын бахæс кодтой паддзахадон ан- самбль саразын. «1931 азы Ленинградæй æрластон, духовон оркестрæн цы инструменттæ хъæуы, уыдон (34 инструменты). Бафæлвæрдтон ирон инструменттæ заказ раттын, фæлæ нæ рауад æмæ уал балхæдтон иу-40 инструменты, уый фæстæ сæм цадæггай æф- тыдтам,\ афтæмæй оркестр сарæзтам 52 адæймагæй. Зын уыд кафджыты къордимæ кусын, стæй мæ зæрдыл æрлæууыд, Пе- тербурджы нæ «Кавказское землячество»-йы 3 лæппуйæ Ту- гъанты’Махарбег куыд цæттæ кодта, уый. Гъе, æмæ, ансамблы кусгæйæ, æдзух мæ каст уыдис Махарбегмæ: уый мын амыдта, цы аразын хъæуы уый». 1932 азы марты мæйы педахуыргæнæндоны сырæзт: хор - 40 адæймагæй, студентты оркестр - 52 адæймагæй, духовон ор- кестр - 32 адæймагæй, кафджыты къорд - 8 къайæ. Ацы хæдар- хайгæ ансамблты фæсивæд афтæ зæрдиагæй куыстой æмæ сæ зæрдæ рухс кодта. «Куыстам алыбон дæр æмæ сæрды улæфты- тæм бацæттæ кодтам концерт 2 хайæ. Нæ ансамбль дыккаг об- ластон олимпиадæйы райста хайад æмæ райста I къæпхæны ка- ды 3 грамотæйы. Цыд рæстæг, ансамбль тыхджынæй-тыхджындæр кодта, кон- церттæ бацæттæ кодтам Къостайы номыл драмтеатры дæр, радиойæн планон концерттæ лæвæрдтам аргъыл, ансамблы хыгъдмæ цыд æхцайы фæрæзтæ, иу азмæ бакуыстам 7600 сомы». 1933 азмæ ансамбль йæ куыст рауæрæх кодта, йæ репертуа- ры уыдис ирон зарджытæ - 24, гуырдзиæгтæ - 12, уырыссæгтæ - 9, кæфтытæ - 12 хуызы. «Нæ иу концерты фæцис ССР Цæдисы наркомпросы кусæг. Концерты фæстæ мын афтæ зæгъы: «Такой коллектив не стыдно показать и в столице». Ацы ныхæстæ ан- самблы коллективæн радзырдтон æмæ аскъуыддзаг кодтам
Мæскуы æмæ Ленинградмæ экскурсийы ацæуын. Уый фæдыл æз бар райстон педахуыргæнæндоны разамынад æмæ облæх- хæсткомы сæрдар Дзадтиаты Къостайæ. Райдыдтам цæттæ кæнын, бахуыдтой нын уæлæдарæс, ал- кæмæн дæр радтой нымæтхуд. Алы хайадисæг дæр хорз сахуыр кодта йæ роль. Хатт-иу æмбисæхсæвмæ баззадыстæм кусгæйæ, æз хæдзармæ дæр нал цыдтæн: уым-иу сбон кодтон. Не ’хцайы фæрæзтæ систы 14 мины. 20-æм майы æнæнхъæлæджы тел рай- стам Ленинграды обкомы уæнг, УСФСР-ы сгуыхт артист Иосиф Уасилы фырт Немцовæй, уый куырдта, цæмæй хайад райстаик- кам, Челюскинонты æрыздæхты цытæн цы концерт уагътой, уым. 1934 азы майы фæуды 58 адæймаджы мæ разамындæй, зынгæ фæндырдзæгъдæг Къорнаты Барис немæ, афтæмæй араст стæм ахæм маршрутыл: Дзау, Уанел, Рукъ, ахызтыстæм хо- хыл æмæ Зæрæмæгмæ ныццыдыстæм, стæй - Садон, Мзур, Ала- гир, Дзæуджыхъæу. Кæй ранымадтон, уыцы бынæтты уагътам концерттæ æмæ нæм адæмæй къухбакæнæн нæ уыд. 29 майы нын радтой комкоммæ вагон Дзæуджыхъæу-Ленинград æмæ 1 июны уым уыдыстæм. Вокзал Октябры ныл сæмбæлд Ленин- грады делегаци стыр цытимæ, радтой нын бынат иу уазæгдоны. 5 июны ауагътам интернационалон концерт Декабристты са- къадахыл. Уый размæ уал репетицитæ ауагътам, стæй уыдыстæм Эрмитажы æмæ музейы. 5 июны нæ автобусыл аластой Дека- бристты сакъадахмæ. Концерт райдыдта мах коллективæй. Сце- нæ байгом кæныны агъоммæ нын загътой, зæгъгæ, концертмæ æрбацыдысты Ленсовет æнæхъæнæй, С. М. Кировы сæргълæудæй. Концерт ахæм бæрзонд æмвæзадыл ацыд, æмæ адæм дис код- той, се ’мдзæгъдæй не ’нцадысты. 1-аг хайы фæстæ сценæмæ схызт Киров æмæ нын зæрдиагæй раарфæ кодта, ме ’мзæххонтæ, дам, стут. Мæн æмæ Джыккайты Акимы (парткомы нымæрдар уыд) акодта æмæ нæ Ленсоветы уæнгтæн базонгæ кодта, адон, дам, ме ’мзæххонтæ сты. Концерты фæстæ нæм æрбацыд кон- ферансье æмæ афтæ зæгъы: «Сергей Миронович просит вас в заключении концерта ис- полнить еще несколько номеров вашей программы». Мах аза- рыдыстæм «Чермены зарæг», «Исахъы зарæг», «Нартыхты Сосо», «Ларсаг», акафыдыстæм «Симд» æмæ къахфындзтыл кафт. Фæс- тагмæ Къорнаты Барис тынг хорз ацагъта «Ханты цагъд». Иу- дзырдæй, тынг хорз концерт ауагътам æмæ нын æмдзæгъд дæр
афтæ кодтой. Концерттæй сæрибар рæстæг федтам, цыдæрид- дæр Ленинграды фенддаг бынæттæ ис, уыдон. 15 июны æрцыдыстæм Мæскуымæ, уырдыгæй - Дзæуджы- хъæумæ, 19 июны та нæхимæ æрхæццæ стæм». Зæгъын хъæуы уый, æмæ педахуыргæнæндоны хæдархайгæ музыкалон къорд стыр ахъаз фæцис ирон музыкалон аивады рæзтæн. Уырдыгæй рацыдысты ахæм зындгонд артисттæ: Гаг- лойты Зинæ (адæмон артисткæ), Джыккайты Аким (сгуыхт ар- тист), Гаглойты Варя (сгуыхт артисткæ), Плиты Христофор (ком- позитор), Гаглойты Зауыр, Гæбæраты Илья (композитор), Дзу- гаты Георги (поэт), Гафез (поэт) æмæ æндæртæ. 1938 азы Барисæн облæххæстком бахæс кодта кафт æмæ зар- ды паддзахадон ансамбль саразын. Барис тынг хъыгзæрдæйæ ныууагъта педахуыргæнæндоны ансамбль. Педахуыргæнæн- донмæ ног директор æрцыд æмæ уайтагъд уыцы музыкалон къордты скуынæг кодта, инструменттæ та æндæр организаци- тыл байуæрста. Барис æрæвнæлдта ансамбль саразынмæ. Сырæзт 1939 азы: хор - 82 адæймагæй, кафджытæ - 16, оркестр - 27 адæймагæй. Техникон кусджытимæ уыдысты 132 адæймаджы. Райдыдтой уæхскуæзæй кусын, уымæн æмæ 1940 азы Тбилисы хъуамæ ауагъ- таиккой ирон аивад æмæ литературæйы декадæ. Хорз бацæттæ кодтой æмæ августы мæйы ансамбль Тбилисы ауагъта фенддаг концерт. Гуырдзыстоны хицауад 12 артисты схорзæхджын кодта Кады грамотæтæй, Барисæн та радтой сгуыхт архайæджы кад- джын ном. 1939 азы июны мæйы Барисы снысан кодтой музыкалон скъо- лайы директорæй, 1941 азы августы мæйы та - театры музыка- лон хайы гæсæй, уыйæмрæстæджы ансамблæн дæр разамынд кодта. Уыцы рæстæджы музыкæ ныффыста бирæ спектаклтæн: драмæ «Нарты Батрадз», фыццаг ирон музыкалон комеди «Ус- гур» (дыууæ дæр Саулохты Мухтары пьесæтæй арæзт). Театры кусгæйæ, 1941 азæй 1954 азмæ музыкæ ныффыста 29 пьесæ- йæн. 1943 азы йæ баурæдтой облæххæсткомы аивадты хайа- ды гæсæй. 1948 азы йын бахæс кодтой «Ирон адæмон зарджы- ты» æмбырдгонд саразын (уæддæр ма йæ ансамблы аивадон разамонæгæй ныууагътой). Барис йæхæдæг куыд дзырдта, аф- тæмæй Хуссар Ирыстоны цы 40 азы фæкуыста, уыдонæй йын зынаргъдæр уыдысты, ансамблы цы азтæ фæкуыста, уыдон, <©^о^^/"'535 "х^-ч^^Р
уымæн æмæ йæ саразæг æмæ 1932 азæй 1951 азмæ æнæраив- гæйæ уыдис йæ аивадон разамонæг. Уыцы азты радтой 3 мин концертæй фылдæр. Тынг æнувыдæй куыста Фыдыбæстæйон хæсты азты: концерттæ лæвæрдтой хæстонтæн госпиталты, гар- низонты Цхинвалы æмæ Гуры. Æппæт ацы куыстыты тыххæй дзурынц, музейы æвæрд чи сты, уыцы документтæ. ССР Цæдисы гарзджын тыхтæн культурон шеф кæй уыд æмæ ахæм удуæлдай куыст кæй кодта, уый тыххæй Барис хорзæхджын æрцыд ССР Цæдисы культурæйы министрад æмæ профцæдисты централон комитеты Кады грамотæйæ. Барисæн-иу ансамблы коймæ йæ цæстыты цины стъæлфæн- тæ фæзынд æмæ та-иу афтæ бакодта: «Видите, ансамбль по на- стоящее время существует и ежегодно совершает успешные гаст- рольные поездки по городам нашей необъятной Родины от Бал- тийского моря до Сахалина». 1951 азы Барисы ракодтой зонад-иртасæн институтмæ, цæ- мæй бацæттæ кодтаид «Ирон адæмон зарджыты» æмбырдгонд. Уымæн хъуыд бирæ рæстæг, бирæ кусын, Мæскуымæ арæх цæ- уын æмæ уæд Барисы йæхи куырдиатмæ гæсгæ ссæрибар код- той ансамблы аивадон разамонæджы бынатæй. Фæлæ уæддæр йæ уд алыхатт дæр уыдис ансамблимæ, тынг æхсызгонæй кодта йæ архайджыты кой. Ныр зæрдиагæй æрæвнæлдта чиныгыл кусынмæ. 1956 азы ацыд Тырсыгоммæ æмæ та бирæ æрмæг æрæмбырд кодта. 1958 азы сцæттæ ис чиныг æмæ йæ аласта Мæскуыйы рауагъдад «Музыкæмæ». Чиныг хъуамæ рацыдаид мыхуырæй этнографи æмæ антропологийы æппæтцæдисон 7-æм конгрессмæ 1964 азы августмæ. Конгрессмæ дзы 50 экземплярæй фылдæр æрхастой æмæ сæ байуæрстой сæ зынгæдæр фæсарæйнаг зонадон кус- джытæн. Зындгонд шведаг этномузыколог доктор Эрнст Эле- геймер, дам, чиныгæн тынг зæрдæмæхъаргæ рецензи ныффыста æмæ йæ англисаг журнал ныммыхуыр кодта, - загъта Барис æмæ ма йæм бафтыдта: «Ацы æрмæг Абайты Уасо немыцаг æвзагмæ тæлмацæй æрæрвыста, профессор П. В. Хучъуа та йæ уырыссаг æвзагмæ раивта». Барис тынг зæрдæрайгæйæ кодта ацы чиныджы кой, афтæ нымадта æмæ йæ царды уый уыд иууыл стырдæр куыст, æнтыст. Уый раст у: ирон музыкалон культурæ æрæмбырд кæнын, сис- темæмæ йæ æркæнын æмæ йæ чиныджы рауадзын стыр хъуыд-
даг у. Фæлæ къаддæр тых нæ бахардз кодта ирон кафт æмæ зар- ды аивад практикон æгъдауæй йæ къахыл слæууын кæныны, адæмæн æй базонын æмæ бауарзын кæныны хъуыддаджы. Пенсийы куы рацыд, уæддæр йæ уарзон куыст нæ ныууагъта: æхсæнадон райдиантыл сарæзта зарджыты къорд скъола-интер- наты æмæ куыста ам 32 адæймагимæ. Цардис Галаты Барис - зынгæ ирон композитор - йæ адæмы хæрзиуæгæн сыгъдæгæй, æнæлазæй æмæ, йæ бон цы уыд, уы- мæй архайдта, цæмæй йæ раттæг адæмы цард уыдаид рæсугъд, йæ фидæн - райдзаст. Адæм дæр æй уарзтой, кад ын кодтой стырæй, чысылæй. Уый уыдис бирæ паддзахадон хорзæхты хи- цау: дыууæ «Кады ордены», æртæ майданы, бирæ Кады грамо- тæтæ... Уыдис ГССР аивæдты сгуыхт архайæг. Уымæн уый дæр цъус у. Иу рæстæджы хицауад хъавыд, кæм цард, уым ын музей саразын, фæлæ абоны онг дæр нæ зыны. Кæронмæ йæ куы акæ- никкой, уæд уый цы хорз хабар уаид. Нæ рæзгæ фæлтæр хъуамæ зоной, чи уыд ацы диссаджы лæг, ирон зард æмæ кафтæн ахæм æнусон цырт чи самадта! 9ТЯ&0 «Мæнæн абонæй фæстæмæ дыууæ Хуыцау ис - иу уæларвы, не ’скæнæг, не сфæлдисæг, иннæ та - зæххыл, уый дæ ды - мæн мæлæты дзæмбытæй чи байста, æмæ цалынмæ удæгас уон, уæд- мæ сымахæн кувдзынæн». - Ацы ныхæстæ йæ ирвæзынгæнæг дохтырæн загъта йæ æнæнымæц бирæ пациенттæй сæ иу, хуы- мæтæджы зæхкусæг лæг Цхуырбаты Батонка. Æмæ йæ дзырд йæ амæлæтмæ никуы фæмæнг кодта. Уацæн йæ ном дæр афтæ хъуамæ рахуыдтаин, «Зæххон Хуы- цау», зæгъгæ, фæлæ мæм æгæр баналон фæкаст. Адæймаг куы райгуыры, уæд ыл фыццаджыдæр ном сæвæрынц æмæ йæ уыцы номæй базонынц адæм. Цардимæ тохы та чи куыд басгуыхы, йæ ном дæр уымæ гæсгæ цæры - кæмæн рæстæгмæ, цалынмæ æгас у, уæдмæ, кæмæн та - æнусмæ. Йæ амæлæты фæстæ дæр. Мæ дзырды сæр чи у, уыцы дзæнæтыбадинаг кады лæг Къæ- бысты Падойы райгуырдыл кæд ацы аз 120 азы сæххæст, уæд- дæр йæ рухс ном нæ ферох, йæ адæмы зæрдæты цæры. Райгуырд
Падо Чеселтгомы Сыгъдты хъæуы 1896 азы, куыстуарзаг, рæс- таг æмæ нæртон удысконд бинонты ’хсæн. Йæ фыд Хъæвдын Леуаны фырт уыд асæй бæзæрхыг, зондæй куырыхон хæххон ирон лæг, комы дзырддзæугæйыл нымад гоймаг. Хæхты зын уа- вæрты дæр йæ тыхтыл æнæауæрдгæ архайдта æмæ йæ бинонты ницы хъуаг уагъта. Йæ тыхы æмбæрц цыд æмæ цыфæнды зын куыстмæ дæр ныфсхаст уыд. Фæлæ йыл иу бон сайдæй разыл- ди хъысмæт: куыстæй хæдзармæ здæхгæйæ, талынджы былæй ахауди, йæ уд бæргæ аирвæзти, фæлæ тынг ныцъцъæлтæ. Бирæ рæстæг бахъуыд, цалынмæ йæ къахыл слæууыдаид, фæлæ йе ’нæниздзинад афтæ фæцудыдта, æмæ кусынæн нал уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæзынд бинонтыл сæ дарæджы цудыд æнæниздзинад, фæлæ куыддæрты цардысты, сабитæ къæбæр- цух не ’ййæфтой. Хæдзары æфсин куы бæзза, уæд цардæн ис- ты хостæ кæндзæн. Æфсин та, æцæгæйдæр, сæрæн сылгоймаг Цхуырбаты Тауче æрмæст асæй æмæ уындæй рæсугъд нæ уыд, фæлæ удæй æмæ зондæй дæр - æххæст. Йæ цардæмбалы бæрц кæм бауыдаид йæ бон, фæлæ алы амæлттæй архайдта, цæмæй сабитæ мацы цух уой æмæ царды раст фæндагыл ныллæууой. Падо чысылæй фæстæмæ куыстуарзаг лæппу - йæ мадæн æх- хуысхъом уыд æмæ йæ фарсмæ лæууыд. Мад та æндæр хъуы- дыйыл уыд - лæппуйы ахуырмæ хъуамæ радта, цæмæй йæ ный- йарджытау фыдбойнаг цард ма кæна. Афтæ дæр бакодта - Дзауы скъоламæ йæ барвыста, йæ цæгат дæр Дзауы цардысты Тауче- йæн æмæ йæ уыдоны æххуысы ныфс дæр уыд. Лæппу ахуырмæ тынг æвзыгъд разынд. 1908 азы тынг хорз нысæнттимæ фæци скъола. Йæ ахуыры фæрцы йыл сæ цæст æрæвæрдтой Дзауы уæды раззагон лæгтæ Дзассохты Алыксандр æмæ Соттиты Ги- го. Уыдоны хъæппæрисæй Падо æрвыст æрцыд Ганджайы (Кировобады) гимназмæ. Ам дæр та йæ хорз æгъдау æмæ хорз ахуыры руаджы ахуыргæнджыты хъусдард йæхирдæм аздæхта. Тыхсти материалон æгъдауæй лæппу, æххуырсты царди æмæ æхца фидыны бæсты хæдзары хицауы æртæ сывæллоны цæттæ кодта ахуырмæ. Уыйæмрæстæджы ма æндæр сабитæн дæр амыд- та, цæмæй йæхицæн хæлцы фаг бакуыстаид. Афтæ йæхи тыхтæй архайдта æвзонг лæппу, цæмæй йæхи дæр дардтаид æмæ йæ ахуыр дæр хорз æмвæзадыл цыдаид. Цыппар азы фæахуыр код- та Падо Ганджайы æмæ-иу сæрдыгон улæфты рæстæджы дæр
никуы æрцыд йæ уарзон мад æмæ фыды уынынмæ - куыста-иу станцы уæзтæ æвгæнæгæй, цæмæй зымæгмæ йæхицæн хъарм дзаумæттæ балхæдтаид, хæлцы фаг дæр батымбыл кодтаид. Фæци та гимназ дæр хорз æнтыстытимæ 1916 азы, æмæ йæ йæ хорз ахуыры тыххæй Уæрæсейы ахуырады министрады уы- наффæмæ гæсгæ арвыстой Саратовы медицинон институтмæ. Кæуылты цины хабар уыд лæппуйæн, ахæм амонд æм кæй æр- хауд, æмæ та стыр энтузиазмæй райдыдта ахуыр. Ахуыры рай- дианы фыццаг бонтæй та Падо йæхи равдыста куыд се ’гасæй хуыздæр студент, куыд ахуырæй, афтæ йæ уæздандзинадæй æмæ йæ ахуыры фиддонæй ссæрибар кодтой. Уый тынг хорз хъуыд- даг уыд Падойæн, фæлæ йæ кусыны сæр уæддæр хъуыд. Æрдзæй тыхджын кæй уыд, уый фæрцы йын алцы æнтысти - куыста, ахуыр кодта, æхсæв æмæ бон нæ зыдта. Афтæ йе ’взонджы рæсугъд бонтæ удуæлдай ахуыр æмæ куысты æрвыста дард бæстæйы, йæ уарзон хæхтæ мысгæйæ. Уæдмæ октябры революци дæр сцырын æмæ институт æхгæд æрцыд. Уый уыд цыфыддæр цæф Падойæн; цы кодтаид, фæстæ- мæ раздæхæн дæр нал уыд - æфсæн фæндаг дæр нал куыста. Уæд Падо бадзырдта цалдæр æмбалимæ æмæ Сырх Æфсады рæн- хъытæм бацыдысты. Падойы госпиталы фельдшерæй снысан кодтой. Æхсæвæй, бонæй цæф æфсæддонты уæлхъус лæууыд æмæ сын æххуыс кодта. Иу рæстæджы йыл тиф бахæцыд æмæ афтæ уæззау уавæры уыд, æмæ йын фервæзыны æнхъæл дæр нал уыдысты. Æрдзæй æнæниз æмæ фидар лæппу фæтых низыл æмæ фæстæмæ иннæтæн æххуыс кодта. Уыцы змæст рæстæджы цынæхуызон зындзинæдтæ бавзæрста, ахæм нал баззад. Цалын- мæ мидхæст нæ фæци, уаедмæ службæ кодта, стæй 1920 азы де- мобилизацигонд æрцыд. Йæхæдæг куыд мысыд, афтæмæй уыцы азтæ йæ царды уыдысты уæззау фæлварæнтæ, алыгъуызон зындзинæдтимæ тохы азтæ. 1920 азы фæстæмæ байгом Саратовы мединститут æмæ та Па- до йæ ахуыр адарддæр кодта. Фæстæмæ та йæхи сæрмагонд тых- тæй цæрыны æмæ ахуыры фæрæзтæ кодта. Ныр æвзонг лæппу царды зын уавæрты хæсты арфдæр бамбæрста, куыд хъæуæг професси уыд йæхæдæг кæцы равзæрста, уый, æмæ ноджы серьезондæрæй æрæвнæлдта арфдæр æмæ биноныгдæр зонынад райсынмæ.
1924 азы фæци ахуыр æмæ йæхи фæндонмæ гæсгæ йæ рай- гуырæн Ирыстонмæ æрвыст æрцыд. Уыцы бон уыди йæхицæн дæр æмæ йæ ныййарджытæн дæр се ’гасæй амондджын, рæсугъд æмæ зæрдылдаринаг бон! Аст азы фæстæ æрыздæхти сæ ныф- сы хъæбул æмæ йыл æрмæст бинонтæ нæ, фæлæ æгас Къæбыс- ты мыггаг æгæрон цинимæ сæмбæлдысты. Стыр куывд скодтой æмæ сæ цинæн кæрон нал уыд. Падо иучысыл рæстæг хæдзар- мæ æркаст, стæй йæ хæс цы уыд, уымæ æрæвнæлдта - æрцыд го- рæтмæ æмæ областы къухдариуæгадмæ - адæмон комиссарад- мæ бавдыста йæ куырдиат. Стыр цинимæ йæ айстой æмæ йæ Дзаумæ снысан кодтой дохтырæй. Æмæ райдыдта Падойы царды ног фæндаг - йæ адæмæн лæг- гад кæныны куысты фæндаг. Дзауы медицинон службæйæн уæд ницыгар фадæттæ уыд, фæлæ йæ тых, йæ бонæй архайгæйæ, æмæ хицауады æххуысæй, тагъд рæстæгмæ Падо йæ гаччы сæ- вæрдта алцы: сырæзт чысыл рынчындон, амбулатори æмæ ко- мы цæрджытæн се ’нæниздзинады хъуыддæгтæ бæрæг фæхуыз- дæр сты. Дзауы кусыны рæстæджы Падо бинонтæ дæр æркодта - йæ цард баиу кодта Тедеты Варварæимæ. Варварæ Дзауы скъолайы ахуыргæнæгæй куыста. Дыууæ фырты сын райгуырд - Жужу æмæ Шамил. Хъомыл сæ кодтой сæхиау æгъдауджын æмæ рæст- удæй. 1926 азы Падойы Тбилисмæ арвыстой курсытæм æмæ 1927 азы хирургы квалификациимæ ’рбаздæхт. 1929 азы йæ Сталиниры областон рынчындоны сæйраг дохтыры бынатмæ раивтой æмæ йæ сæйраг хирургæй дæр снысан кодтой. Уыцы рæстæджыты йын йæ хистæр коллегæтæ бирæ ныхдуртæ æвæрдтой йæ разы, ирон хæлæг алыхатт йæхион акæны. Фæлæ Падо йæ куыст куыд хуыздæр хъуыд, афтæ арæзта æнæхъæлæба, æнæдзургæйæ æмæ йын йæ хорз койгæнджытæ дæр къаддæр нæ уыд. Падо, мидбылхудгæ, мысыд йæ хæлар Пæррæстаты Гечайы: «Мæ тыхст бонты Геча алыхатт мæ фарсмæ лæууыд æмæ мын ныфсытæ æвæрдта. Адæймаг та ныфсæй цæры, ныфсы ныхас дæр хосау у». Цыфæнды тыхджын адæймагæн дæр уды рыст зын уромæн у æмæ иу хъарм ныхас дæр æххуыс у. Цард та куы йæ мидбыл фæхуды лæгмæ, куы та йæ фыдæнхъæл фæкæны. Радысты сæ цардæй, сæ дыууæ фырыхъулы хуызæн лæппуйæ æвзонг æм- @^о^§^ 540 -х@^3^®>
къæйттæ, æртыккаг хъæбулмæ дæр æнхъæлмæ кастысты. Фæ- лæ амонд ацы хатт йæхи аиуварс кодта... Варварæ аргæ-арын йæ уд систа... Райгуырд ын чызг - Дзерассæ... Падо æгæрон уды рыст æмæ æртæ сабиимæ иунæгæй аззад. Йæхи загъдау мадызæнæг дын куы уа, уæд иунæг нæ дæ. Йæ хо Къато акодта ноггуырд чызджы æмæ йæ хихъæбулау хъомыл кодта. Лæппутæн та сылгоймаг баххуырста æмæ сæм уый зылди. Райгонд уыд уымæй дæр Падо: «Надеждæ Петровна хорз адæймаг разынд, лæппутæ дæр ыл тагъд сахуыр сты. Хи мады ничи баивдзæн, фæлæ зæрди- аг ахаст сывæллон æмбары æмæ сæ рæвдыдцух кæй нæ уагъта, уымæ гæсгæ йæ бауарзтой». Афтæ лыстæггай Падойы царды хабæрттæ мæхи хъусæй хъуыстгонд сты. Дзургæ та сæ уымæн кæнын, æмæ ацы адæй- магæн йæ хисæрмагонд цард дæр, йæ профессионалон куыст дæр æмæ æхсæнадон архайд дæр цæвиттойнаг сты. Царды зын фæндæгтыл цæугæ, йæ адæймагон бæрзæндмæ схызти æмæ, хиуды рыстытæм æнæкæсгæйæ, адæмы сæрвæлтау йæхиуыл никуы ауæрста. Йæ царды хабæрттæ йын уырдыгæй зонын, æмæ нын æввахс бавæййаг уыд: Мæ хицау Тедеты Митушайæн йæ мад Маня уыди зындгонд таурæгъгæнæг Къæбысты Баиры чызг. Маня нын куыд загъта раджы, афтæмæй Баир æмæ Падойы фы- ды фыд Гæгу та иу артæй байуаргæтæ уыдысты æмæ кæрæдзи- имæ цæрæнбонты æмудæй цардысты. Падо дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, Маняйы цотимæ хæлар уыд æмæ йын Митушаимæ се ’гасæй æввахсдæр ахастытæ уыд - йæ дыккаг æмкъай Тедеты Аничка æмæ Митуша та дыккагхæдзæрттæ уыдысты. Афтæмæй нæ бинонтæ цины дæр æмæ хъыджы дæр кæрæдзийы фарсмæ лæууыдысты. Хатт мæхицæн амондыл банымайын, бирæ хорз адæймæгты ’хсæн кæй фæцардтæн æмæ ныр зæрондæй, сæ нæмттæ мысгæ- йæ, мæ зæрдæйыл цыма хъарм уылæн раивылы. Падойæн йæ байзæддаг дæр йæхиау хæларзæрдæ рацыдысты. Чызджытæй хистæр - Дзерассæ - абон зонадон кусæг - хорз ном æмæ кадимæ кусы зонад-иртасæн институты, дыууæ фаззон чызг Залинæ æмæ Мадинæ сæ фыды дæсниад райстой æмæ хорз дохтыртыл нымад сты. Лæппуты хъысмæт æндæргъуызон ацыд - Шамилæн бинонтæ скæнын бантыст æмæ йын хорз байзæддаг баззад, фæ- лæ йæхæдæг æнæрæстæджы аивгъуыдта. Жужута...
Адæймаг бирæ мæстытæ куы бавзары, алы зындзинæдтимæ тохы куы фервиты йæ бонтæ, уæд хатт йæ зæрдæ фæхъæбæр вæййы, искæйы маст æм нал фæхъары. Падо та ахæм уникалон феномен уыд, æмæ йæхæдæг цы- фæнды зын уавæры бахаудаид, уæддæр адæмы тыххæй йæ удыл никуы ауæрста. 1941 азы Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Жужуйыл 18 азы дæр нæма сæххæст, афтæмæй ацыд йæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ. Падойæн йæ бон уыд ма ауагъ- таид лæппуйы, чысыл фæстæдæрмæ аргъæвтаид йæ ацæуыны рæстæг. Фæлæ нæдæр фыд, нæдæр фырт ахæм хъуыды сæ сæр- мæ нæ бахастой. Æмæ ацыд Жужу, ахаста йæ фыды фæстаг ахъæ- бысы хъарм... Хæстæй ныфсы фыстæг дæр райста фыд: «Дæрæн кæнæм фа- шистты. Мæ мæт ма кæн, папæ, æз ницы кæндзынæн...». 1942 азы октябры мæйы фæмæнг йæ ныфс - Сталинграды сæрыл тохы фæмард хъæбулы ад кæмæй базыдта Падо, уыцы фыццаг фырт. Дзыхы ныхасæй нæй зæгъæн, цы маст бавзæрста уыцы бонты, Ирыстонæй кæмдæр дард цыд тугкалæн хæст æмæ йæ азарæй нæ адæм дæр сыгъдысты... 1941 азы куыддæр хæст райдыдта, афтæ Сталиниры баконд æрцыд госпиталь. Обкомы уынаффæмæ гæсгæ госпиталы хис- тæрæй Падойы баурæдтой. Уыйæмрæстæджы фæстæмæ æххæст кодта областон рынчындоны сæйраг дохтыр æмæ сæйраг хирур- джы хæстæ дæр. Иу уысм рæстæг дæр ын нæ уыд улæфынæн - куыд экстренон дохтыр æхсæв уыд æви бон, цæттæ хъуамæ уы- даид æххуысмæ. Æвæццæгæн, афтæ хъуырмæ ныгъуылд кæй уыд куысты мидæг, йæ фырты мæлæты хабарыл дæр уый фæрцы фæтых... Фæлæ мæнæн ацы мысинаг фысгæйæ, мæ разы раудæ- гас Падойы æрхæндæг цæсгом донуымæл цæстытимæ, фынгыл бадгæйæ рухс куы кодтой цардæй аивгъуыйæгтæн..! Падойы мидисджын цард æмæ нысанмæздæхт архайдыл тынг бирæ ис зæгъæн. Æрмæст уый дæр кæуылты цымыдис æвзæ- рын кæны адæймагмæ æмæ æрдæг æнусæй фылдæр хирургæй фæкуыста æмæ иунæг иу хатт дæр йæ къухмæ бахауæг рынчын- тæй ничи фæзиан. Мингай уæззау операцитæ фæцарæзта æмæ дзы иу дæр никуы фæмæнг - алкæйы дæр-иу байста мæлæты къухтæй. Уый, æвæццæгæн, Падойæн уыди Хуыцауæй лæвар - стырдæр амонд - мæлæтдзаджы дæр слæууын кæн йæ къахыл!
Хуыцау хорз у, фæлæ хатт æнæрастдзинад дæр æруадзы, хъы- гагæн. Уытæппæт зындзинæдтыл, уды рыстытыл фæтых Падо, æгæрон бирæ хорздзинæдты бацыд йæ адæмæн æмæ йæ зæры боныл куырмæй сæмбæлд - бакуырми æмæ йын ницы хос ссар- дæуыд. Батади йæ цæсты рухс - алцы зыдта æмæ ницы уыдта - адæймагæн се ’гасæй стырдæр æфхæрд! Фæлæ ам дæр Падо йæ мидуынынадæй тых кодта æрдзы гадзрахатдзинадыл - уæддæр ахъаз уыд адæмы цардæн. Ахæм диссаджы цау дæр ’рæййæф- тон: мæ хæрæфырт Гæбæраты Ермоны Мсхлебæй тагъд æххуы- сы машинæ æрласта рынчындонмæ, йæ зæрдæ фыррыстытæй бахъарм, афтæмæй. Басгæрста йæ Пæррæстаты Инал (Мими), зынгæ хирург, æмæ, дам, операцикæнинаг у, цас тагъддæр, уыйас хуыздæр. Æрмæст, дам, мæм Падойы æрбакæнут. Мах бакатай кодтам - рагæй куынæуал кусы, цæстæй куынæ уыны. - Сымах æй æрбакæнут, афтæмæй дæр мын алыхатт, æххуыс у, - загъта та нын æмæ йæ æрбаласта йæхи машинæйы ме ’мкъай Тедеты Гиви. Басгæрста Падо къухтæй рынчыны, йæ игæры алыварс ын æнгуылдзæй тымбылæг æрхахх кодта, цыппар дихы йæ акодта дзуарæвæрдау дзы иухайыл ацамыдта: - Ам æй алыг кæн, дуртæ ам сты. Сахат æмæ æрдæгæй фылдæр æнхъæлмæ фæкастыстæм æмæ нæм стæй рахызт дохтыр Инал, йæ къухы бинты тыхтæй æртæ ставд дыччы, афтæмæй, равдыста нын сæ æмæ нын райгондæй раарфæ кодта: - «Фервæзт уæ рынчын». Афтæ диссаджы адæймаг уыд Падо - къухтæй дæр æнкъардта адæймаджы рыст, зæрдæйæ дæр æмæ йын исчи йæ низы тых- хæй куы радзырдтаид, уæд симптомтæм гæсгæ дæр диагноз сæвæрдтаид. Советон рæстæджы нæм Обкомы фыццаг нымæрдарæй дзæв- гар рæстæг фæкуыста Цховребашвили Владимир Гедеваны фырт. Фæстæдæр æй Тбилисмæ партийы ЦК-мæ аивтой. Иу рæстæджы йæ дохтыры сæр бахъуыд æмæ Падомæ телефонæй радзырдта: «Тагъд мæм хæццæ кæн!» «Афтæмæй дзы ницы уыд, - худгæ та мысыд Падо, - дохтыртæ та куыд нæ уыд Тбилисы, фæлæ мæныл ахуыр уыд, æрдæг сахатмæ йæ фервæзын кодтон йæ грижайæ». Уый афтæ, иугай цаутæ æрхастон йæ медицинон практикæ- йæ, фæлæ Падойы ном æгас Гуырдзыстоны хъуыстгонд уыд, куыд уникалон хирург, афтæ.
Кад цух нæ уыд - нæдæр хицауады æмæ нæдæр йæ адæмы ’рдыгæй. Бирæ паддзахадон хорзæхтæ, майдантæ, орденты хи- цау уыд. Гуырдзыстоны ССР сгуыхт дохтыры ном дæр ын уыд æмæ Хуссар Ирыстоны сæйраг дохтыр æмæ хирурджы сгуыхт ном дæр. Цыфæнды стырдæр хорзæхтæ дæр æм æмбæлд, уымæн æмæ Падойы цард æмæ архайд удæгас таурæгъау у кæцы нын амо- ны - цæр æмæ архай дæ адæмы хæрзæбонæн, йæ рæсугъд фи- дæнæн. Афтæ хъуыды кæнын, нæ фыдæлтæн цас фылдæр кад кæн- дзыстæм, уыйас хуыздæр цæвиттон дæтдзыстæм нæ ног фæл- тæрæн. Нæ горæты уынгтæй иу Падойы ном куы хæссид, уæд цæмæй æвзæр уаид? Цард ирвæзынæн автоматæй архайы лæг æви скъалпелæй, цы хъауджы дзы ис? Сæ иу дæр хъайтар у æмæ се ’ннæ дæр. 30.10.2016 ЮЪ1 ЯМ ЮЛ (Æгомыг монолог) «В дитературном мире нет смерти. Имертвецы также вмешиваются в деяа наши и действуют вместе с нами как и живые». н. в. гоголь Мæ миднымæры хъуамæ дзурон демæ, æндæр хуыздæр амал дзынали... | Фæстаг мæйтæ’ ды Дзæуджыхъæуы арвыстай, хос кæнынмæ ацыдтæ. «Радзребæхи, тагъд рацæудзæн», - куы мын загътой, уымæй иу къуырийы фæстæ та ’рыхъуыст: - «Дысон Нафи амарди...». Ирыстоны, мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм ничи разындзæн, дæ мæлæт хъыг кæмæн нæ уыдаид. Фæлæ сæхицæн ныфсы хуызы загътаиккой: «Дзæнæты бадæт, йæ фаг фæцарди». Цардæй фаг та кæм фендæуыд. Зæрондæй тынгдæр æмæ хуыздæр æмбары адæймаг цардæн йæ аргъ æмæ йæ нæ фæнды уыцы бæстæм.
Ды дæхи зæронд хонын, 80 азы дыл куы сæххæст, уæдæй фæстæмæ райдыдтай. Уæдмæ мын-иу цы чингуытæ балæвар код- тай, уыдоныл хъарм зæрдиаг фæндиæгты бын афтæ бафыстай: «Дæ хистæр æфсымæр Нафи». Æстай азы дыл куы ацыд, уæдæй фæстæмæ уагъд чингуытыл та: «Нæ аив дзырды курдиатджын фæлдисæг æмæ мæ дзæбæх хо Цхуырбиан Мерийæн Къуыдары зæронд Нафийæ зæрдиагæй», кæнæ: «Мерийæн зæрдæбынæй, мæ хорз хо æмæ зынаргъ æмгар, æмсис адæймагæн Нафийæ, Къуыдары зæрондæй», æмæ афтæ алы чиныгыл - «Къуыдары зæрондæй». Ды, мæ зондджын æфсымæр, тынг хорз зыдтай зæронд ахæм низ кæй у, æмæ хосгæнæн кæмæн нæй, æмæ дæ удæн зæрондæй уæддæр радтаис æнцой, уый бæсты дын æхсæв æмæ бон нал уыд, куыстай, куыстай дæхиуыл æнæауæрдгæ, ноджы ма исты бафтыдтаис ирон дзырдаивад æмæ зонадыл. Æмæ дæ кусинæг- ты уæлхъус бадгæйæ ахъуызыд дæ уд... Уыцы бон дæ нæ рауагътой Цхинвалмæ дæ цæгаттаг табу- гæнджытæ. Куыд æмбæлд, афтæ дын скад кодтой - дардыл æмæ æгъдауыл. Дыккаг бон дæ æрластой æмæ растад дæ уарзон го- рæт - стырæй, чысылæй цыдысты цæссыгкалгæ æмæ дыл хъын- цъым кодтой. Æз бадтæн дæ табæты фарсмæ æмæ дæм кастæн кæугæ, дæ цæсгом мæм æнахуыр рæсугъд каст, цъус цыма рæ- сыдгонд. Ахæм хуыз дын уыд, цыма фынæй кодтай, уæззау куысты фæстæ куыд фæулæфы лæг, афтæ. Æмæ мæ хъуыдыйы ферттывта де ’мдзæвгæ: «Дысон федтон æнахуыр фын, Цыма æрлæууыд мæ рад, Цыма табæты саухуылфы Æз хуыссыдтæн æнцад...». Ды мæ ныфсы æфсымæр уыдтæ æмæ мæм æцæг æфсымæры зæрдæ дардтай. Чысыл исты дæ зæрдæмæ фæцыдаид мæ куыс- тæй æмæ афтæ цин кодтай, цыма дыл цыдæр хорзæх æрцыд. Дзырдуатыл иумæ кусгæйæ, мæнæй тынгдæр цин кодтай, дзыр- дæн-иу йæ адекватон нысаниуæг куы æрцахстон... куыд æгæрон бирæ мæ атыдта æгъатыр мæлæт, дæу мын кæй байста, уымæй! Куыд мæ хъуамæ ферохуа, афтæ мын куы загътай: «Истæуыл куы ^^З^х"545 ~х^3^©> *35
тыхсай, уæд дæ зæгъын ницы хъæуы, æрмæст мæм афтæ æрба- кæс мæ цæстытæм», - æмæ мæм бахудтæ. Ныр тыхсын, æфсы- мæр, мæ уд тыхсы, фæлæ дæ цæстытæ цъынд сты... Ды æрмæст мæнæн нæ уыдтæ ныфс, бирæтæн, тынг бирæтæн уыдтæ. Ды æнæхъæн Ирыстоны ныфсы æмæ зонды лæг уыдтæ. Ныр та дæ мæлæтæй æгæрон стыр маст æрхастай дæ адæм, дæ райгуырæн бæстæйæн. Уæгъды афтæ хъуыды кодтай: «Æз ацы зæхмæ зарынмæ æщыдтæн, Мæ хъуыры хастон иллæй-лæй фæрнæй, Дзыллæты хъыг сыгъди мæ цæсты хаутыл, Ныр дзы абон мæ мардыл чи скæуа,уый нæй». Ех, мæхи Нафи, дæхицæй хуыздæр æй чи зоны, Ирыстоны мардæн куыд кад кæнæм, уый æрдæг ын йæ удæгасæй куы кад кæниккам, уæд махæй амондджындæр а зæххыл адæм нæ уаид. Ды афтæ цæмæн зæгъыс «Ныр абон мæ мардыл чи скæуа, уый нæй», уый æз тынг хорз зонын, æмбарын æмæ мæ зæрдæ дæр фыддæр уымæн риссы. Ацы чиныг «Хæрзбон, ссæдзæм æнус» дæ уды рыстыты дзæкъул у. Ардæм бахастай 2000 азмæ цы æм- дзæвгæмæ фæфыстай, уыдон, дæ удрæбын цы рыстытыл дзырд- тай æмæ кæй нæ æвдыстай. Æмæ куыд удвидар уыдтæ, куыд нымд, æддæмæ никуы æвдыстай дæ мæстытæ, афтæмæй алкæй рыстæн хос агурæг уыдтæ. Цард-цæрæнбонты цы гуыргъахъ фæн- дæгтыл фæцыдтæ, дæу цы ныхдурты сæрты ахизын бахъуыд, дæуæн цы хъыцъыдæттæ фæдардтой де ’мсисонтæ, æмгæрттæ кæйты хуыдтай, уыдон дæр, уыцы зындзинæдтæн дæуæй æн- дæр исчи нæ бафæрæзтаид. Цæмæн афтæ æнæрæстæджы аив- гъуыдтой Нартыхты Михал, Тедеты Рюрик, Бестауты Гиуæрги, Булкъаты Михал? Уыдонæн дæр афтæтæ кодтой. Кæй дзы хи- марынмæ æркодтой, кæй зæрдæнизы бæрны бакодтой æмæ не сфæрæзтой. Ды тыхджын уыдтæ, удвидар, дардмæ уынаг, быхсыны тыхы хицау. Æвзæр æвзæрæй бафидын дæ хъуыдыйы дæр никуы æрцыдаит, ацы ми дæм æнæсæрмæхæссинаг касти. Дæ зæрдæ дын алы хуызы къахтой, фæлæ дæ царды нысан уыди дæ адæмæн лæггад æмæ йæ лæгау æххæст кодтай. Дæ удрæбын цы хъыгтæ, хъæдгæмттæ хастай, уыдон-иу иуæрдæм ассыдтай æмæ дæ куыст
нæ уагътай. Уый дæ ирвæзын кодта дæ алыбонон риссаг цаутæй. Уыцы рыстытæ æрмæст фæстæдæр равдыстай дæ мысинæг- ты: «... Дæс азы мæнæн уыдысты тыхсты æмæ фыдæвзарæнты азтæ: дæс азы дæргъы мæн нæ чингуыты рауагъдад дардта йæ фæсдуар, иу чиныг дæр мын никуы рауагътой. 1980 азы хъуамæ рацыдаид рауагъдады нывæзтмæ гæсгæ мæ уацау «Залты мит». Букуылты Алыкси уæд уыди рауагъдады сæйраг редактор æмæ йæ ахаста 1981 азы нывæзтмæ. Уæдмæ рауагъдады директор сси Гæбулты Мелитон æмæ уацау æппындæр нал уагътой - ан- тисоветон фыст, дам, у! Фысджыты цæдисы хицау Дзуццаты Хадзы-Мурат куы сси, уæд уымæ бацыдтæн: бакæс ацы уацау, кæд антисоветон у, уæд æй хъуамæ зонай, фысджыты сæрдар дæ, кæд нæу, уæд та дæ хъуыды æрмæст мæнæн зæгъ, мæ сæрыл дзурын дæ нæ домын, мæхæдæг исты кæндзынæн, фæлæ дæ хъуыды куы зонон, уæд мын æнцондæр уыдзæн рауагъдады тыхмийыл хъæцын. Хадзы бирæ фæхъуыды кодта, стæй цæхгæр ачъепп кодта: «Нæ йæ бакæсдзынæн!..» Уый æнхъæл дзы нæ уыдтæн æмæ йæм ницыуал сдзырдтон. Бамбæрстон æмдзырд сты мæ ныхмæ рауагъдады æмæ Фысджыты цæдисы сæргълæуджытæ, Мелитон æмæ Хадзы-Мурат. Нæ зыдтон æрмæст иу хабар: цæуыл мæм мæсты сты?.. Хорзæй дарддæр сæ никæмæн ницы сарæзтон. Кæд исты сæ зæрдæмæ хæссынц, уæд мын æй цæуылнæ хъæр кæнынц? Фарстытæ - бирæ, дзуаппытæ - нæй. Ныууагътон сæ сæхиадыл æмæ мæ куыст кодтон. Загътон, сæ хъуыры аирвæзæт сæ рауагъдад, цы рауагътон мыхуыры, уыдон фаг сты фыссæджы номæн, кæд истæмæн бæззынц, уæд. Кæд нæ, уæд та мæ «Залты мит» дæр нæ фервæзын кæндзæн мæрдты рохæй... Афтæмæй уыцы æнамонд уацау 79 азæй 88 азмæ фæлæзæрд рауагъдады, стæй йæ уæддæр рауагътой... Абоны онг дæр нæ зонын, иу дамгъæ дæр дзы ивд куынæ æрцыд, уæд советон царды ныхмæ уацмыс куыд фестад, уыцы царды фарсхæцæг?! Гъе, фæлæ ацы фарстæн ис бæлвырд дзуапп: мæ хæлæртты уацмыс не ’ндæвта, йæ авторæй истой цыдæр маст». Афтæ, æфсымæр, дæхицæй хуыздæр æй чи зоны, ницæйаг, æгуыдзæг лæгæн цæй знаг хъуамæ уа? Чи йæм цæмæ бахæлæг кæндзæн? Ды та се ’гасæй зондджындæр, курдиатджындæр кæй уыдтæ, хæлæг дæр дæм уымæн кодтой æмæ куыд сæ бон уыд, афтæ дын дæ разы ныхдуртæ æвæрдтой. Фæлæ ды куыры-
хон хъуыды дæ зæрдыл даргæйæ - «Чи дæ нæ уарзы, уый ма хъуамæ бафæзмай» - æвзæр никуы никæмæн фæдæ. Дæ зæр- дæ дын чи риссын кодта, уыдонæн сæ фылдæр нал и, аивгъуыд- той се ’нусон бынатмæ, ды уæддæр нæдæр сæ удæгасæй, нæдæр сæ мардæй æвзæр никуы загътай, кæд сын æнахъола миты кой дæ мысинæгты скæныс, æндæр се ’фхæрыны фæдыл ницы дзурыс. Дæуæн Хуыцау дæргъвæтин цард схай кодта, уыимæ иумæ тых- тæ, удвидардзинад, зонды рухс, уымæн дын бантыст афтæ æгæ- рон бирæ бынтæ ныууадзын. Ды цы фæллæйттæ бахастай ирон аив дзырды æмæ зонады хæзнадонмæ, уыдон сæхæдæг дзурынц се сфæлдисæджы арф курдиатыл. Бузныг Хуыцауæн, дæ удæгасæй дын бамбæрстой дæ аргъ æмæ нал баззад ахæм регали, дæуæн цы- нæ саккаг кодтой, адæмон поэты номæй райдайгæ алы премитæ æмæ хорзæхтæй фæвгæйæ. Загъта рæстдзинад йæ ныхас! Дæ райгуырæн бæстæ æмæ дæ адæмы раз дæ хæс æцæг ирон лæгау уæлдайджынтæй бафыстай æмæ дын хæлар алцы! Фæлæ дæ мæлæт, уæддæр æгæрон зæрдæрысты хос у дæ иу- зæрдион адæмæн. Уыцы рисæн æмбæхсæн нæй æмæ дæ фæстаг бон Ирыстоны арвы бын уыди се ’гасæй даргъдæр æмæ рæсугъд- дæр - адæмы уарзтæй тæмæнкалгæ. Ды дæ хæдзарæй дæ æнусон бынатмæ - горæтгæрон Тулдзы къохы дын кæцы равзæрстой - фæцыдтæ хурымдзу. Иры æвзонг фæсивæд дæ машинæйыл ла- сын нæ бауагътой - сæ уæхсчытыл дæ фæхастой. Адæм æмырæй цыдысты дæ фæстæ. Хицауады хæдзармæ дæ бахастой æмæ байгом фыдохы митинг. Нал баззад Кавказы республикæтæй æви раздæры Цæдисы республикæтæй æрцæугæ делегацитæй ахæм, сæ адæмы хъынцъым чи нæ равдыста дæ разы. Дыууæ сахаты бæрц дын сæ зæрдиаг ныхæстæй æвдыстой куыд стыр аргъ æмæ дын кад кодтой, уый. Стæй дæ рахастой... Уыди æгъуыстаджы хъарм, хурбон. Хастой дæ сæ уæхсчытыл Ирыстоны сагсур лæппутæ кæрæдзиивгæ. Цыдысты къахдзæф- тæ нымайгæ, цъусгай, цæмæй ма фылдæр фæуыдаис дæ фæстаг бон хуры бын, ирон арвы бын. Мæ мидзæрдæйы дзырдтон дæ ныхæстæ: «Хуры рухс, бузныг!» Разæй цыдысты скъоладзаутæ дидинтимæ. Æмæ адæм, азмæлæнтæ нал уыд уынгты - ацы бон иунæг адæймаг дæр йæ хæдзары нæ баззад, иууылдæр æддæмæ раивылдысты æмæ дæ æрхæндæгæй фæндараст кодтой... <®^о^§^ 548 ’х^З^©
Дæхи афтæ фæндыди, дæ ныййарджыты цур дæ бавæрдтаик- кой. Нæ рауад. Ахæм бынат дын саккаг кодтой, цыранæй дæм дæ горæт армы тъæпæныл æвæрдау зындаид, уыдтаис ын йæ алы къуым, уынг, хæдзар, адæмы змæлд... Æмæ сæ хъахъхъæдтаис, дæ цæст сыл хастаис уырдыгæй дæр. Дзурын демæ æмæ ноджыдæр мæ зæрдæ цыдæр æнахуыр рыстæй риссы. Поэтæн бинонтæ дæр вæййы, ныййарджытæ, æм- гæрттæ, хиуæттæ, фæлæ уæддæр уд - иунæг у, удсидзæр, æрмæст йæхи сæрмагонд поэзийы кувæндоны хаты йæхи сæрибарæй, уырдæм ничи ницы бар дары. Ныр ды уым æцæг иунæг дæ... Дæу кæм бавæрдтой, уыцы бынат Кады аллейæ рахуыдтой, пантеон. Ам ды фыццаг дæ, ды - фысым. Пантеоны бавæрыны аккаг зонды лæгтæ разындзæн Хуссар Иры, нырма уал бирæ цæрæт. Мæ зæрдæ та афтæ дзуры æмæ дæ дзæвгар рæстæг æнхъæл- мæ кæсын бахъæудзæн... Дæ хуызæн гениалон гоймæгтæ нын Хуыцауы цæст æнусы мидæг иу кæнæ дыууæ кæд бауарза. Генитæ нæ мæлынц - сæ адæмимæ цæрынц æнустæм. Уæдæ ам дæ, Нафи, æнустæм дæ адæмы зæрдæйы! «Он - поэт! Этим сказано все!» Нафи Мæ разы хуын, уæзгæ нæртон хуын - цыппар бæзджын чи- ныджы - поэтикон æмæ прозаикон уацмысты æртæ томы æмæ цыппæрæм та- «Арвистон» - хицæн чиныгæй. Цæрæнбонты цы фæфыдæбон кодта, йæ зонды хъару, йæ уды хъарм, йæ цæстырухс цæуыл бахардз кодта, уыцы хæзнатæ мын зæрдæхæларæй балæвар кодта зынгæ ирон поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг Хъодалаты Герсан. Ахæм зынаргъ лæвар кæмæн нæ уыдзæн æхсызгон! Дзæвгар сты Герсаны аивадон сфæлдыстадон фæллæйттæ. Сæ мидисæй, поэтикон уæлтæмæнæй, сæ лиризмæй чиныгкæсæ- джы сæ уацары бакæнынц. Ацы цæстæвæрæн миниуджытимæ Герсан ирон литературæйы кувæндонмæ фыццаг куыддæр ба-
къахдзæф кодта, афтæ йæ цæхгæр фæхатыдысты нæ аив дзыр- ды зынгæдæр минæвæрттæ: Гафез, Дзугаты Георги, Нафи, Бес- тауты Гиуæрги, Дзуццаты Хадзы-Мурат æмæ иннæтæ. Сæ зæрдæ барухс æмæ йын фæндараст загътой йæ дарддæры фæндагыл. «Гайлаг, дам, родæй бæрæг у», фæзæгъынц. Хæрзæвзонгæй райдыдта Герсан фыссын, афтæмæй йе ’мдзæвгæты ирдæй ра- зынд æрдзæй рахæсгæ аивадон удыхъæд. Алцыуынæг цæст, сæрибар æнкъарæнтæ, зæрдæмæхъаргæйæ равдисыны арæхст- дзинад йе стыр курдиатыл дзурæг уыд. Тыхмийæ ми нæй, Хуы- цауæй лæвар дын хъуамæ уа уыцы диссаджы миниуæг - сдзурын кæнай бæласы дæр, дуры дæр, ныккæсай адæймаджы зæрдæйы æрфæнтæм æмæ дæ хъуыдытæй арвы тыгъдад дæр бацахсай. Ис Герсанмæ уыцы æрдзон курдиат æмæ æнæрæвдыдæй дæр уымæн нæ баззад йе ’мсисонтæй. Йæ рæстæджы Герсаны поэтикон сфæлдыстадæй райзæрдæ Гафез загъта: «Хъодалаты Герсан у нæ абоны ирон поэтты хуыздæр минæвæрттæй иу. Йæ фыстытæ аивадон æгъдауæй лæууынц бæрзонд æмвæзадыл, йæ сæйраг хæсыл нымайы Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын». Дзугаты Георги та цингæнгæ дзуры: «Ацы поэт у нæ поэзи фидæны ныфс кæмæй æвæры, ахæм»! Иннæахæм Нафи: «Я считаю, что Герсан Кодалаев один из самых талантливых поэтов современной осетинской поэзии. Уровень поэтических свершений писателя меряется не его не- достатками, а его достоинствами. Горный орел может сесть на землю, но курица выше изгороди никогда не взлетает, а жилище орла - в поднебесье. Курица принадлежит отряду домашних пернатых. Он - поэт! Этим сказано все!» Хозиты Борис: «Герсан Кодалаев - своеобразное явление в осетинской поэзии последней четверти XX века. Этот трудо- любивый и одаренный стихотворец никогда не стремится к «шумной» славе... У него было яркое поэтическое видение, глу- бокое мышление и счастивое воображение души, то есть те «детали», без которых не может существовать настоящая поэзия». Герсаны поэзийæн цы стыр аргъ кæнынц зынгæ æмæ дзырддзæугæ литератортæ иронæй, уырыссагæй, уыдоны куы фæнымайæм æмæ сын сæ хъуыдытæ куы æрхæссæм, уæд æгæр дард ацæудзыстæм. Мæнæн «фæсхуым ело» рауайдзæн, фæлæ мæ нымд хъуыды дæр хъуамæ бафтауон хатыртæ кургæйæ.
Рагæй - уартæ ивгъуыд æнусы 70-æм азтæй фæстæмæ зонгæ стæм Герсанимæ, зонгæ нæ, фæлæ нын хæларадон ахастытæ ис æдбинонтæ. Герсан «Фидиуæджы» редакцийы базæронд - ныр дзы 45 азы кусы - литкусæгæй райдыдта æмæ ныр 19 азы та йæ сæйраг редактор у. Æз дæр мæ бонтæ газеты редакци æмæ рауагъдад «Ирыстон»-ы батыдтон. Чингуыты рауагъдад æмæ «Фидиуæг» та иу агъуысты бын уыдысты фыццаг уæладзыджы фæрсæй-фæрстæм. Йе ’мкъай - фыссæг Наниты Асиат дæр мемæ куыста, иу кабинеты дæр бадтыстæм æмæ куыд вæййы, афтæ, нæ цины дæр æмæ хъыджы бонты дæр кæрæдзийы фарсмæ лæууыдыстæм. Герсан-иу йе ’мдзæвгæты цалынмæ хицæн чиныгæй рауагъ- таид, уæдмæ уал сæ журналы мыхуыр кодта. Мæнæн та мæ хæ- дзары куыд цæхх æмæ кæрдзын æнæмæнг хъуыддаг сты, афтæ - «Фидиуæг» журнал æмæ «Хурзæрин» газет дæр. Æмæ, дзырд дæр ыл нæй, алыхатт дæр ын сæ кастæн. Байрадтæн-иу сæ, фæ- лæ сæ кой мыхуыры фæрцы искуы скодтон зæгъон, уый гæды ныхас уыдзæн. Уымæн та йæ аххосаг уыд - кæй мæ не ’вдæлд - фыссынæн цъус рæстæг нæ хъæуы... Герсан мæ йæхæдæг дæр уыдта æмæ мыл дис кодта: «Цас дæ бон у, цас!» Æмæ мыл иу дзæбæх бон хæларадон шарж дæр куы ныффысид: Цхуырбаты Мери: «Мæ тых кæуылтыу, кæуылты! Мæ бон - къуыридæргъы фæбадын. Кæнын тæлмац æрмæстдæр «Пылты», Мæнмæ лыстæг сырд нæу нымады»! Æз «Пылты» нæ тæлмац кодтон нæ, фæлæ «Пылтæ» тыхджын уыдысты, сæ сæрæй дуæрттæ кодтой, сæ хъуыддагыл архайдтой куыдфæндыйæдæр æмæ мын æндæр гæнæн нæ уыд. Герсан та? Уый уыдæттæ йæ сæрмæ никуы бахаста - фырнымд, хæдæфсарм уæвгæйæ, уæхскуæзæй куыста æмæ æнхъæлмæ каст йæ радмæ. Æмæ афтæ! Рæстæг дугъон бæхæй хъауджыдæр нæу. Атахти æмæ мын мæ тыхтæ дæр ахаста. Ныр мын зæрондæй рæстæг бирæ дæр ма ис. Уæдæ мын рæстæг ис æмæ кæсын Герсаны лæ- вар чингуытæ, æвзарын дзы сæ æрттивагдæртæ æмæ мæ удæн æхцондзинад дæттын. Стæй хъуыдыты адзæгъæл вæййын - ацы
рæсугъд æнкъарæнтæй хъуырмæнад æмдзæвгæты фæлдисæг бæрзонд хæхты хъæбысы æмбæхст рæсугъд хъæуы райгуырд, Уæллаг Захъхъоры. Райгуырд мæгуыр, цыбыркъух бинонты ’хсæн. Чысыл ма уыд, афтæ сидзæрæй баззад. Æндæр бон дзы нæ уыд æмæ, лæгау, идæдз мады фарс балæууыд. Цыд фыййау, код- та зæххы куыст, хаста хъæдæй сугтæ æмæ йæ ахуыр дæр нæ уагъта, скъолайы дæр раззагон ахуыргæнинаг уыд. Æрвыста афтæ рæстæг æхсæвæй, бонæй æнæрынцойæ æмæ фæндаг, царды æххæл-мæххæл фæндаг сидти лæппумæ размæ. Фæци астæуккаг скъола, рацыд Чъребамæ уæлдæр ахуыр рай- сынмæ. Радта фæлварæнтæ институтмæ, бахауд, кæй зæгъын æй хъæуы, æмæ ам дæр йæхи тыхтæй алцы амал кодта. Царды æр- дзæй рахæсгæ æмæ Хуыцауæй снывгонд сфæлдыстадон равги- мæ, куы фырæххормаг, куы фырæфсæстæй, фæлæ æвзонг адæй- маг ныфсхаст у, фидæнхуыздæрмæ бæлгæйæ æмæ тырнгæйæ, йæ зонынад хъæздыгдæр кодта. Фыста, цы уыдта, цытæ æн- къардта, йæ зæрдæйæ раивылгæ хъармæй æмдзæвгæйы рæн- хъытæ кæрæдзийыл тыхстысты, узæлыдысты æмæ ныллæг хъæлæсæй хъырныдтой: «Музыкæ зæлы... Мæ дзæбæх гыцци мыл Йæ ризгæ æнгуылдзтæй узæлы, Мæ зæрдæйы булæмæргъ зары Æви мын Ацæмæз Йæхи къухæй ронджы къус дары»? Герсаны поэзийы тыххæй бирæтæ загътой сæ хъуыдытæ, ноджыдæр зæгъдзысты йæ табугæнджытæ - хъæздыг æвзаг, хæдхуыз, оригиналон поэтикон уынынад ын кæй у характерон, сæрмагонд бæрзонд бынат дæр уымæн ахсы ирон аив дзырды хæзнадоны. Æрмæст йæ поэтикон рæнхъытæ не сты Герсанæн узæлгæ æмæ зæллангхъæлæс, йæ прозаикон сфæлдыстад дæр афтæ цы- мыдисон æмæ химæлвасгæ у. Ам дæр уыцы зæрдæмæхъаргæ лиризм, удæгас нывтæ, царды æрцæугæ цаутæ ахæм фæрæзтæй æвдисы, æмæ дæхи радзырды персонажты фарсмæ хатыс æмæ дих кæныс сæ рыст, сæ хъыгтæ, æмæ згъалыс дæ цæссыгтæ... Мæнæ
фæцæуы скъоладзау лæппу йæ фыдимæ базармæ - дзаумæттæ йын хъуамæ балхæной, адджинæгтæ, лимонад. Цæуы цингæнгæ, йæ хъуы дытæй дæу дæр хайджын кæны, фæлæ ныддаргъ фæндаг. Нырма хуры тæвд судзы лæппуйы, стæй та къæвда нызгъалдзæн, сæрæй къæхты бынмæ ныххуылыдз, цъыфдоны лæгæрды, иу ран дурыл слæууыд - иннæрдæм ахиза, фæбырыд æмæ цъыфы дæлгоммæ ныххауд йæ уæййаг уасæгимæ. Ныссæрфта йæ фыд, фæлæ уазалæй гæв-гæв кæны. Баизæр, базармæ нырма дард у. Иу хъæуы иу бинонтæм бахсæвиуат кодтой, райсом та адарддæр кæной сæ фæндаг, фæлæ сын æхсæвы сæ уæййаг хуы фысымты стуртæй кæцыдæр йæ сыкъатæй мæлæтдзаг фæкодта, аргæвстой йæ æмæ... Иудзырдæй, куыддæрты ныххæццæ сты базармæ, бал- хæдта йын фыд, цы хъуыд, уыдон, фæлæ та фæстæмæ цæугæйæ дæр афтæ бирæ хъизæмæрттæ баййæфта лæппу æмæ чиныгкæ- сæг йæ тæригъæдæй тыхсы. Ацы радзырды автор «Фыдæмбæ- лæг Хиуа» кæй рахуыдта, - афтæ реалон, бауырнинаг нывтæй цæуы архайд, æмæ бар-æнæбары цымыдисгæнгæ цæуыс лæппу- йæн йемæ æмæ йæ чысыл зæрдæйы рыстæй риссы дæуæн дæр дæ зæрдæ. Ацы миниуæг авторы стыр дæсныйадыл дзурæг у. Афтæ арæхстджынæй, сабийы удыхъæд арф зонгæйæ, фыст сты йæ иннæ радзырдтæ дæр, куыд «Ацæмæзы быцæу», «Дзабе рæз куыд нал хаста», «Фын» æмæ æнд. Реалон цаутыл амад ацы радзырдтæн, мæ хъуыдымæ гæсгæ, æрмæст йæхи сабибонты цытæ федта æмæ бавзæрста, уыдон не сты ахъазгæнæг авто- рæн, фæлæ ма йæхæдæг дæр цыппар сабийы хъомылгæнæг фыд кæй у æмæ хъæбулты хъæбултæ æмæ уыдоны хъæбултæ дæр йæ фарсмæ кæй рæзынц, уый дæр кæуылты аразы фыссæгæн йæ къух æмæ зæрдæмæдзæугæ аивнывæзт радзырдтæ сфæлдыста сывæллæттæн. Афтæ ма зæрдылбадаринаг у йæ уацау «Хуыцауы минæвар». Ам серьезон проблемæйыл цæуы дзырд - афтæ, зæгъгæ, «уыр- нонтыл», сектантты цæстфæлдахæн митыл, адæмы куыд ип- пæрд кæнынц раст фæндагæй, уыдæттыл. Ам дæр автор уацауы персонажты ахæм бауырнинаг характертæ æвдисы æмæ сæ уы- ныс, хатыс сын сæ аив дæр æмæ сæ аипп дæр. Раст зонд æмæ раст хъуыды кæй уæлахиз кæны, уый та уацауæн йæ лейтмотив у. «Арвистон»-ы афтæ бирæ цымыдисон æмæ хъæуæг æрмæ- гыл фыст аив очерктæ ис æмæ дæ дисыл бафтаудзысты. Очеркы
автор кæуыл фыссы, æрмæст уыцы адæймагыл нæ дзуры, фæлæ ма рæстæгыл дæр, йæ алыварс уæвджытыл дæр æмæ афтæмæй дæ разы раудæгас уыдзæн царды ныв. Азфыссæг у фыссæг. Гер- сан ацы хъуыды фидар кæны йæ дуджы царды реалон нывтæ æвдисгæйæ. Ацы хъуыды мæм æвзæрын кæнынц Герсанæн йæ этногра- фион очерктæ: «Лехурагом», «Медзыдагом», «Гудзаретгомы тра- геди». Афтæ нымайын, æмæ ацы очеркты автор тынг стыр æмæ хъæуæг куыст бакодта - рафæлгъауай дæ райгуырæн комы ис- тори, де ’мбæстæгты, де ’мрæстæгæтты нæмттæ мæрдырохæй аирвæзын кæнай, уымæй вазыгджындæр хабар ма цы вæййы? Куыд зæрдæбынæй, хъарм æмæ уарзæгой æнкъарæнтæй фыс- сы йæ хъомылгæнæг скъолайы истори - чи дзы куыста ди- ректортæй, ахуыргæнджытæй, цал номдзыд адæймаджы нæ ауæрста йæхиуыл, цæмæй хæххон сывæллæттæ сæ райгуырæн бæстæйы аккаг гуырдтæ рацыдаиккой. Уыдон уыдысты зынгæ адæймæгтæ - нæ ирон литературæйы классик Коцойты Арсе- нæй райдайгæйæ Мæргъиты Алексийы онг. Сæ нæмттæ, сæ мыг- гæгтæ сын раудæгас кодта автор уыдонæн дæр. Ацы скъолайæ цал æмæ цал зындгонд лæджы рацыд, чи дзы кæм басгуыхт йæ зонынад, йæ сæрмагонд ахуырадæй йæ адæмæн лæггадгæнгæ- йæ. Бирæ бынат бацахсдзысты ацы чысыл уацы, æндæра куыд ма хъуамæ ракæнай Биазырты Алыксандры, Джиоты Георгийы, Цæриаты Георгийы æмæ бирæ æндæрты кой. Уымæй дарддæр ма Герсан йæ комбæсты фæрныг лæгты нæмттæ дæр нæ ферох кодта - уадз æмæ, дам, сæ кадæй сæрыс- тыр уæнт сæ байзæддаг, рохы ма хъуамæ баззайа ирондзинад, ирон æгъдау, ирон фарн чи хъахъхъæдта йæ цæргæйæ, уыдоны ном æмæ кад. Сæрæй зæгъинаг уый уыдтæн æмæ ацы очерктæ зонадон æмвæзадыл фыст кæй сты. Сæ автор историон зонæн- тæм гæсгæ йæ хъуыды зæгъы кæцæй цæуы гидроним «Лехура», цы нысан кæны топоним «Захъхъор», кæцы историк цы зæгъы ацы фарсты тыххæй. Иудзырдæй, ацы очерк афтæ бирæпланон, афтæ алыварсон у, æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ æрмæст ай тыххæй дæр аккаг у Герсан æмæ йæ уарзон хъæуы Захъхъоры скъола- йæн йæ ном радтой. Ницы ис уым диссагæй - йæ лæггæдтæ йæ адæмæн фагæй фылдæр сты, цæмæй йæ хъæуы йæ ном цæра. Афтæ ма æнæзæгъгæ нæй «Гудзареты трагедийы» тыххæй. Ацы очеркы дæр автор лæмбынæгæй дзуры Гудзареты геогра-
фийыл, кæм, куыд, кæй онг уыдысты йæ арæнтæ, цы куыст кодтой кæ,*чæр ам цæрæг ирæттæ, кæд сæ абоны бон уырдыгæй фæхауæгга1 кодтой, уæддæр, нæ фидæны фæлтæртæ хъуамæ зоной ацы комбæсты истори. Æмæ историон фактты бындурыл, йе ’мрæстæгон зæронд адæмы мысинæгтæм гæсгæ автор фыссы хъæуты нæмттæ, мыггæгтæ, мыггаджы зынгæ лæгты нæмттæ. Дзуры Гудзареты социалон цард æмæ культурæйы фæдыл дæр. Мыггæгтæй фæлгъауы, куыд райдыдтой уæды хицауад, Гудзарет цæмæй федзæрæг уыдаид, ахæм мадзæлттæ исын. Фæстагмæ та Гудзарет фашистон режимы амæттаг баци. Ацы кæддæры нæргæ ирон къуымы тыххæй афтæ цымыдисон хабæрттæ фыссы, æмæ сæ дæхæдæг хъуамæ бакæсай, цæмæй алцы, дæхи цæстæй фе- нæгау, бамбарай, банкъарай. Къаддæр цымыдис не ’взæрын кæны «Медзыдагом»-ы цæ- уылты дзуры автор, уый дæр. Ам ма бакæсдзыстут юбилейон уацтæ нæ фысджыты тыххæй. Кæцыфæнды дзы сис, кæуыл фыстæуы, кæй кой кæны, уый дæ разы удæгасæй слæудзæн - афтæ хъарм æмæ уырнинаг эпи- зодтæй арæзт сты. Мæнæн иууылдæр зонгæ сты æмæ уацæн йæ сæргондæй дæр фæхатын, кæуыл фыст у, уый. Герсан йæ дуджы реалист азфыссæг кæй у, уый бæлвырд- бæрæгæй зыны, йæ уацмысты æртыккаг томы цы æрмæджытæ ис мыхуыргонд, уыдонæй дæр. Литературон-критикон уацты йæ хъуыдытæ кæцыфæнды фыссæджы сфæлдыстадыл ма фыс- са, сты тадзгæ-баргæ, рабар-бабаргæнгæ, рæстæджы хъуыдымæ здæхт, æмбаст, хъахъхъæд дзы цæуы этикет, оппонентæн рæст- дзинад цæстмæ бадарын цасфæнды риссаг ма уа, уæддæр æй зæ- гъы æргомæй. Уый нæ, фæлæ Коцойты Арсенимæ быцæуы дæр ахæм аргу- менттæ æрхæссы, æмæ нæ классик æгас куы уаид, уæд сыл уый дæр дыууæ нæ зæгъид. Автор чиныджы дзуры нæ рæстæджы иууыл риссагдæр æмæ хъуыдыйагдæр фарстытыл. Зæгъæм, уацтæ - «Кæрæдзимæ цы уайсадæм? - радзурæм-ма нæ ныхæстæ», «Иу зæрдæ - дыууæ дихы» æмæ æнд. Ацы чиныджы, афтæ зæгъæн ис, Герсан йе ’мрæстæгонтæй кæй кой нæ ракодта, ахæм дзы зынтæй разындзæн. Уый ма ууыл дзурæг дæр у, æмæ нæ литературæйы размæцыдыл хъуыды-
гæнгæйæ, алкæцы фыссæджы æрмдзæф дæр йæ иувæрсты нæ уагъта, лæмбынæг сæ касти, анализ сын арæзта, сæ чингуытыл сын рецензитæ мыхуыр кодта, сæ юбилейон бонты сын сæ нæмттæ уардта, хъарм ныхасæй сын стимул лæвæрдта сæ дард- дæры куысты. Æз ма уый дæр зонын, æмæ ирон поэттæй Цæгатæй дæр æмæ Хуссарæй дæр алкæй æмдзæвгæтæй дæр радзурдзæн фæйнæ цалдæргай куплеты. Афтæ ма нæ литературæйы ногдзаутыл зæрдиагæй аудыдта, сæ фидæны фæндæгтæ сын æхсæста. Уыдонæй бирæтæ уæхск- уæзæй кусынц æмæ куыстой аивады размæцыдыл, куыд зæ- гъæм, Дыгъуызты Тенгиз, Гобозты Валери, Кокойты Эльзæ, Гуыцмæзты Мери, Цыбырты Мадинæ, Биазырты Роланд æмæ æндæртæ. Афтæ ма зæрдылбадаринаг у нæ иунæг журнал «Фидиуæ- джы» тыххæй (70 азы сæххæсты цытæн] цы юбилейон уац ныффыста йæ абоны редактор. Æнæгуызавæйæ зæгъæн ис - ацы куыст вазыгджын у, тынг вазыгджын. Уый сур ныхæстæй нæ дæтты хыгъд журналкæсджытæн æмæ æппæт ирон æхсæна- дæн, фæлæ факттæм гæсгæ - 70 азы цы зын фæндæгтыл фæцыд журнал, цы ныхдурты сæрты рахызт, цас хъыгтæ æмæ цинтæ æрхаста кæсæгæн уавæрмæ гæсгæ, уыдонæн автор арф æмæ раст анализ аразы. Чи уыдысты журналы редактортæ йæ райдианы Плиты Арон, Хъуылаты Сикъо, Беджызаты Чермен, (кæцытæ культы аза- рæй басыгъдысты 1937 азы), сæ фæдонтæ Цоциты Р. Плиты И., Гафез, Дзугаты Георги, Дзадтиаты Г, Бестауты Г, Гаглойты Вл., Æлборты Х-У, Асаты Р. Æмæ фæстаг 19 азы та - Хъодалаты Г Ам ма журналы редакцийы кусджыты кой дæр кæны, кæцытæ уæхскуæзæй куыстой журналы хæрзгъæд æмæ мидисыл, куыд Тыбылты Алыксандр, Санахъоты Павле, Гæззаты Лади, Кавка- заг, Хацырты Сергей æмæ æнд. Азтæм гæсгæ, рæстæгмæ гæсгæ цы зындзинæдтæ ’ййæфта журнал æмæ йæ тираж 250 экземплярмæ куы æрхаудта, ууыл зæрдæрисгæ дзуры æмæ йæ уырны, цыфæндыйæдæр хъуамæ фæхуыздæр уа нæ адæмы цард дæр æмæ нæ уды хæлц, - нæ жур- налы уавæр дæр. Абон сæрыстырæй зæгъæн ис, фæтых зын- дзинæдтыл æмæ æндидзы.
Æрмæст журналы цардыл ацы афæлгæстæй дæр, кæсæнмæ кæсæгау, равдыста автор нæ литературон царды æцæг сурæт. Иууыл диссаг та Герсанæн йæ публицистикæ у. Равзардзæн тæккæ хъæуæг, серьезонæй ахъуыды кæнын цæуыл хъæуы, ахæм вазыгджын фарст æмæ нымдгæнгæ развæлгъау зæгъдзæн: «Æз нæдæр политик дæн, нæдæр теоретик, нæдæр политолог, фæ- лæ...» - æмæ политикон нысаниуæг дæр чи хæссы æмæ социалон дæр, ахæм фарст цыфæнды политологæй бирæ лæмбынæгдæр, дырысæйдæр рафæлгъаудзæн - цæй мидæг ис йæ сæйраг аххо- саг. Зæгъæм, дзуры национ идейæ, национ сæрыстырдзинадыл æмæ ирон адæймаджы характер, удыхъæд, йæ царды фæтк æмæ æгъдау радзурдзæн афтæ фæлмæн, химæлвасгæ æмæ йæ кæсыс, цыма аивадон уацмыс у. Афтæ фæлмæнтæй, иронæмхæццæ тонæй «нæ уæздан» сыхæгтæн сæ æппæрццаг характер, сæ хи- нæйдзаг митæ сæ цæстмæ дары. Раздæр та æцæг хабæрттæ, йæ- хи цæстæй цы федта, йæхæдæг цытæ бавзæрста, уыдоны фоныл хуымæтæг дзырдтæй - цы у национ идейæ, национ сæрыстыр- дзинад - афтæ аивæй равдыста æмæ дзы дон дæр нæ атæдздзæн. Афтæ цымыдисон æмæ фактты бындурыл фыст у «Чи дæ, Сталин?» Æрзылд æмæ æртымбыл кодта кæм цы цымыдисон- дæр хабæрттæ фехъуыста, ’рæмных сæ кодта, се ’цæгдзинадыл арф ныхъхъуыды кодта æмæ æрцыд ахæм хатдзæгмæ - ирон уыд Сталинæн йæ фыдæл, кæд мадæй гуырдзиаг уыд, уæддæр, йæ фыд ирон кæй уыд, уый дызæрдыггаг нал у. Уыцы хатдзæг сарæзта æмæ авторимæ сразы Украинæйы коммунистты жур- нал дæр. Хъодалаты Герсаны сфæлдыстад поэзи уа, прозæ æви пуб- лицистикæ, мæ нымадмæ гæсгæ тынг къабазджын, алыварсон æмæ арф у. Иу рæнхъ дæр дзы нæй цыдæр йæхирдыгонау, æр- мæст йæхимæ гæсгæ чи не ’вдисы карджын объекты хиадон ми- ниуæг. Уый мидæг ис йæ хихуызон характерон миниуæг - куыд хисæрмагонд уынынад, аивады хицæн æууæл (искæимæ нæ фæ- хæццæ уыдзæн), ахæм фæлдисæг, афтæ. Фæлæ алцæмæндæр ис бæрц. Йæхицæн йæхæдæг алкæмæй растдæр тæрхон рахаста:
«Мæнæн мæ дзырд - Æнæфсис гуырд: Фæцис ын цъырд Мæ туджы цъыртт. Мæнæн мæ дзырд - Мæ туджы фырт. Куыуон мæрдцъынд, - Уыдзæн мæ цырт». Ацы чиныджы фæрстыл реалон æгъдауæй уæвæг адæймæгты портреттæй æвдыст цæуы рæстæджы социалон æмæ культурон царды æнæсайд æмæ æцæг ныв. Цæй, Герсанæн йæхи дæр бафæрсæм: - Чи дæ ды; Герсан? Фыццаджы-фыццаг, Джыккайты Шамилы загъдау, æцæг Ирон лæг! Иугъæдон, рæстаг, сыгъдæг, дугимæ чи нæ ивы, ахæм фыр- нымд Ирон лæг! Уыдонæй уæлдæр регали ма дæ цы хъæуы? Фæлæ ма уыдоны дæр ранымайдзынæн: ССР Цæдисы Фысджыты æмæ Журналист- ты цæдисты уæнг, Ирыстоны Фысджыты цæдисы правленийы уæнг, Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат, Национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат, РХИ культурæйы сгуыхт кусæг, куысты ветеран, орден «Кады нысан»-ы кавалер, Пар- ламенты П-аг æрсидты депутат. Тагъд уыдоны номхыгъдмæ бафтæд Ирыстоны адæмон поэ- ты ном дæр! 2016 аз ФШЯФ ÆМЛ ШОУТУВ УЧУЫХЪЛ® «Прославим женщину-матъ, чъя любовъ незнает преград, чъей грудъю вскормлен весъ мир». Максим Горький Ирыстоны Фысджыты æмæ РХИ Журналистты цæдисты уæнг, фыссæг Наниты Асиаты райгуырдыл сæххæст æвдай фондз азы. Кæмæ бирæ фæкæсдзæн, кæмæ нæдæр афтæ бирæ. Сæ фылдæры
ма уырнгæ дæр нæ бакæндзæн, уымæн æмæ йæ бакаст, йæ къа- хайст уый бар нæ дæтты. Ницы уыйбæрц ыл фæтых сты йæ азтæ. Афтæмæй та чысылæй фæстæмæ йæ царды фæндæгтæ уыдысты гуыргъахъхъ æмæ зындзæуæн. Райгуырд Асиат 1940 азы 18 январы Ленингоры районы Цъи- ры хъæуы. йæ ныййарджытæ - рæстæмбис цæрæг бинонтæ - куыстуарзаг æмæ æгъдауджын æмкъæйттæ Тъехты Машикъо æмæ Наниты Иван. Æмæ уымæн се ’гасæй стырдæр нысаниуæг уыд адæймаджы фидæны царды - саби цыхуызæн бинонты ’хсæн схъомыл уа, ахæм рацæудзæн йæхæдæг дæр. Райдиан скъола фидæны фыссæг йæхи райгуырæн хъæуы фæци, астæуккаг скъола та - Захъхъоры хорз æнтыстытимæ 1958 азы. Йæ сабибонтæй фæстæмæ кусын ахуыр уыд - йæ цард афтæ рауад... Йæ фыд фыдыбæстæйон хæстмæ фæцыд æмæ фондз азы фæстæ уæлахизæй бæргæ ’рыздæхт капитаны чинимæ, фæлæ уæззау цæфтæ уыд æмæ дыууæ азы дæр нал ахаста - 1947 азы амард. Баззади æртæ сидзæримæ Машикъо æмæ æхсæвæй-бо- нæй фыдæбон кодта, цæмæй йæ хъæбулты адæмы рæгъы ра- кодтаид. Сывæллæттæн дæр, цас сæ бон уыд, афтæ æххуыс код- той мадæн. Уымæ гæсгæ Асиат астæуккаг скъола каст куы фæ- ци, уæд искæдæм ахуырмæ ацæуыны бæсты кусын райдыдта сæ хъæуы библиотекæйы сæргълæууæгæй, уыйæмрæстæджы ахуырмæ бацыд горæт Тбилисы паддзахадон университеты эко- номикон факультеты фæсаууоны хайадмæ. Фæкуыста дзы 1963 азмæ, стæй йæхæдæг куыд зæгъы, «хъысмæт æй Цхинвалмæ ракодта». Цхинвалы дæр мæнæ-мæнæ хорз цардæй нæ раппæлыдаид, фæлæ йæ фарсмæ хохы хуызæн лæппу лæууыд æмæ иумæйаг тыхтæй царды фæрæзтæ кодтой. Цхинвалмæ сæ рацыдæн хорз перспективæ уыд, уымæн æмæ сæ дыууæ дæр сфæлдыстадон «низæй» уыдысты хайджын æмæ сын горæты фылдæр фадæттæ уыд фыссынæн æмæ мыхуыркæнынæн. Æмæ Цхинвалы кæд сæ цард кæйдæр æххуырст къуымты æрвыстой, уæддæр кæрæдзи æмбаргæйæ цардысты, куыстой æмæ сывæллæттæ дæр хъомыл кодтой. Йæ цардæмбал абон зынгæ поэт Хъодалаты Герсан - йæхæдæг дæр сидзæрæй хъомыл - йæ æмкъайæн алы хуызы йæ къух рог кодта. Афтæмæй цардимæ тохгæнгæ фæцыдысты зын, гуыргъахъхъ фæндæгтыл æмæ абон цыппар хъæбулы - дыууæ
лæппу æмæ дыууæ чызджы хицау сты æмæ хъæбулы хъæбулты æмæ уыдоны хъæбулты цинæй райынц. Хæдзар дæр ссардтой, цард дæр, ном дæр æмæ кад дæр. Сæ сывæллæттæ дæр царды раст фæндагыл лæугæйæ, сæ ныййарджыты ныфсæн, намыс- джынæй дарддæр кæнынц сæ фæндаг. Уый æз хæрзцыбырæй радзырдтон Асиаты царды хабæрттæ æмæ не скодтон нырма йе сфæлдыстадон фыдæбæтты кой, кæд ын дзæвгар æмæ ахадæн сты, уæддæр. Уымæн æмæ сылгойма- джы царды нысан, фыццаджы-фыццаг, мæ хъуыдымæ гæсгæ дæр, (уæлдæр Максим Горькийы хъуыды уал æрхастон!) у бирæ сы- вæллæттæ схъомылкæнын. Стыр Хуыцау сылгоймаджы цард- дæттæгæй сфæлдыста. Бирæ зындзинæдтæ йын схай кодта, тынг бирæ удыхъизæмæрттæ, фæлæ йын радта алцæмæй зы- наргъдæр - хъæбулы уарзты æгæрон монц. Æмæ сылгоймаг сæрбæрзонд хъуамæ уа а бæстыл цард адардкæнын кæй у йæ хæс, алцæмæй сыгъдæгдæр æмæ вазыгджындæр хæс!.. Уыцы хæс сæххæст кæнын афтæ зындзарды дæр йæ къухы бафтыд Наниты Асиатæн йæ фидар удыхъæды æмæ æхсæвæй, бонæй æнæрын- цой архайды фæрцы. Æрмæст уый тыххæй дæр кад æмæ цыты аккаг у. Æмæ куыд æмгар, æмкусæг, сыхаг - афтæ та алкæмæн парахат зæрдæйæ лæггадгæнæг кæй у, ууыл дæр ничи дызæр- дыг кæны. Асиатыл хъуыдыгæнгæ, мæм ахæм хъуыды дæр æрцыд: раст у - æрдз адæймаджы удыскондæн æмæ йæ физикон тыхтæ æр- биноныг кæныны йæ хайбавæрд кæй бахæссы. Хæхты хъомыл æмæ быдыры хъомыл адæймæгтæ кæрæдзийæ цæмæйдæрты хицæн кæнынц. Хæххон лæг тыхджындæр удыхъæд æвдисы, æнæсæттондæр у быдирагæй, зынвадат цард дзы фылдæр кæй домы, æвæццæгæн, уымæн. Уыдис мæнæн æмкъурсонтæ инс- титуты Ленингорæй, уыдон дæр афтæ ныфсджын æмæ фидар удысконды сылгоймæгтæ уыдысты. Фæлæ дзы Асиатæн уæддæр æмбал нæй. Бинонты уæззау уаргъ хæсгæйæ, сфæлдыстадон куыстмæ дæр зæрдæргъæвд- дзинад кæй равдыста, уый хицæн темæ у, сæрмагондæй дзури- наг. Æмæ чизоны исчи афтæ ахъуыды кæна хæдзарон æфсин, сывæллæттæ хъомылгæнæг йæ сæрибар рæстæджы чингуыты фæрсын уарзта æмæ йæхæдæг дæр уымæн райдыдта фыссын... Уый раст нæу. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, «фыссæг суæ-
вынæн разæнгардгæнæг кæнæ ахуыргæнæг уадиссаг нæ хъæуы, уый æрдзы лæвар у, адæймаг æй гуырцæй йемæ рахæссы. Æн- дæр хъуыддаг у уавæр! Фыссынæн æмæ мын мыхуыркæнынæн уавæртæ фæцис, Цхинвалмæ хъæуæй цæрынмæ куы рацыдтæн, уæд. Иу-дыууæ азы акуыстон газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы. Ам ахуыркæнынмæ бацыдтæн Мæскуыйы полигра- фион институты технологон факультетмæ фæсаууоны хайадмæ. Стæй 1969 азы мæ дæсниадмæ гæсгæ раивтон чингуыты ра- уагъдад «Ирыстон»-мæ. Æмæ ма мæ фыссынæн æндæр цы уавæр хъæуы? Фысджыты ’хсæн». Фыссынæн сæрибар рæстæг та йæ удæй ратонгæ уыд Асиатæн - æгъуыссæг æхсæвты фæллой сты йæ бирæ уацаутæ, радзырдтæ, очерктæ. Афтæ у - сфæлдыстадон курдиат дæм куынæ уа, уæд фыссæг не суыдзынæ». Фыццаг чиныг - фыццаг хъæбулы райгуырд у авторæн. Йæ фыццаг чиныг хурмæ рацыд 1974 азы «Ацæмæзы кафт», зæгъгæ, афтæ йæ рахуыдта. Уæдмæ ацы радзырдтæ мыхуыр æрцыдысты журнал «Фидиуæджы». 1979 азы та йын мыхуырæй рацыд йæ фыццаг уацау «Удыхай» хицæн чиныгæй. Фæстæдæр - 1982 азы та - уацау сывæллæттæн «Сидзæр чызг». 1987 азы уацауты æмæ радзырдты æмбырдгонд «Æгомыг», ахæм номимæ рацыд. Нæхимæ, Цхинвалы 1991 азы йæ уацмыстæ æмæ радзырдты æмбырдгонды дыккаг рауагъдæй барухс кодта чиныгкæсæджы зæрдæ. 1992 азы гуырдзиаг-ирон хæсты темæйыл фыст уацмыстæн РХИ Фысджыты цæдисы конкурс расидт, æхгæд конкурс. Уым Нанионы радзырд «Ничи... ничи!»-йæн лæвæрд æрцыд рæвда- уæн преми. Ацы радзырд афтæ зæрдæмæхъаргæ фыст уыд, æмæ «Фидиуæджы» дæр æрцыд мыхуыр æмæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фысджытæн Дзæуджыхъæуы рауагъдад «Ир»-ы цы радзырдты æмбырдгонд рацыд мыхуыры, «Тугæйдзаг цып- пурс», зæгъгæ, уым дæр. Фæстаг азты ма йын ноджы мыхуыры рацыдысты уацмыстæ «Дыууæ гæлæбуйы» -уацау сывæллæттæн («Ир», Дзæуджыхъæу], пьесæ «Фæсмонгонд», радзырдтæ «Ма фæрæди, хъæбул!», «Ту- гæйдзаг уæрдон», «Дæ мады халдих», «Æнахуыр уазæг», «Мæ хæзна» «Зынаргъ лæвар», «Кæуын зындæр у», «Æхсынц та, хъæбул!», «Рæсугъдуæвын зын у», уацау сывæллæттæн, «Зæри- нæйы Челси». *36
2000-æм азы Хуссар Ирыстоны чингуыты паддзахадон ра- уагъдад «Ирыстон» нæ республикæйыл дæс азы сæххæсты сæ- раппонд рауагъта юбилейон чиныг «Хуры цæссыгтæ» - Хуссар Ирыстоны фысджыты радзырдты æмбырдгонд. Уырдæм дæр бахаст æрцыд йæ радзырд «Ма фæрæди, хъæбул!» 2013 азы хæстон темæйыл ын цы радзырдтæ уыд фыст, уы- дон хицæн чиныгæй рауагъдæуыд мыхуыры рауагъдад «Ир»-ы (Дзæуджыхъæу) «Зынаргъ лæвар», зæгъгæ, ахæм сæримæ. Фарон 2014 азы та Цхинвалы, рауагъдад «Мыхуыры хæдзар»-ы йæ уацаутæ æмæ радзырдты æмбырдгонд рацыд хицæн чиныгæй, уыимæ сывæллæттæн фыстуацмыстæхицæн чиныгæй, «Гыццийы хъæбултæ», ахæм номимæ. Уый йæ литературон куыстыты номхыгъд Нанионæн, фæлæ ма йын рауадзинаг æрмæг нырма дзæвгар ис. 2013 азы Асиатæн Дзæуджыхъæуы цы чиныг рацыд «Æна- хуыр уазæг», зæгъгæ ахæм номимæ, уымæ гуырдзиаг-ирон хæс- тыл цы радзырдтæ фæфыста, уыдон бахаста. Ацы радзырдтæ иууылдæр æцæгæй æрцæугæ цауты бындурыл кæй сты сфæл- дыстгонд, уымæ гæсгæ автор радзырды номы бын йæхæдæг бафыссы - радзырд-æцæг хабар, зæгъгæ. Æмæ сæ, æцæгæйдæр, ирдæй, зæрдæмæхъаргæйæ æвдисы уы- цы тугæй амæхст рæстæджы цытæ цыд æмæ цытæ бавзæрстой нæ адæм, уыдон. Кæсыс радзырд æмæ алцы уыныс, æнкъарыс, дæхи уыцы хабæртты æхсæн хатыс, цыма семæ дæ уыцы архайджы- тæн. Ацы хабар та ууыл дзурæг у, æмæ фыссæг йæ фыссинагыл фæтых, цы йæ фæндыд чиныгкæсæджы размæ рахастаид, уый ахæм бауырнинаг нывтæй, аив дзырдтæй сфæлыста æмæ адæй- маг уыцы бонты хайадисæгæй æнкъары йæхи. Ацы чиныджы фæдыл мæ хъуыдытæ загътон æмæ ныммыхуыр «Фидиуæджы» (1914 азы 6-æм номыры). Æмæ уымæ гæсгæ ам ууыл нал дзур- Дзынæн. Æрмæст ма дыууæ ныхасы зæгъдзынæн йæ фыццаг гуырахстджын уацау «Удыхай»-йы тыххæй. Ацы уацауы размæ Нанион бирæ радзырдтæ фæфыста æмæ сæ фæмыхуыр кодта газеты, журналы. Сабитæн дæр дзæвгар цымыдисон аргъæуттæ, радзырдтæ фæфыста. Æмæ йæм фыс- сæджы курдиат кæй уыд, уый сæ ирдæй зынд æмæ ничи дызæр- дыг кодта ацы хъуыдыйыл. Фæлæ гуырахстджын уацмысæн йæ фæлгæттæ уæрæхдæр сты æмæ цæмæй удæфсæст, ирдхуыз ныв- тæ ссарай, кæрæдзийыл сæ схал кæнай æмæ сæ иу цæстаха-
дæн, цымыдисон куыст снывæндай, уымæн дзæвгар тых æмæ фæлтæрддзинад хъæуы. «Удыхай»-ы авторы, кæй зæгъын æй хъæуы, дзæвгар рæстæг, тых, хъуыды кæнын бахъуыд, фæлæ йыл фæтыхи. Фæтых ыл ис, уымæн æмæ цæуыл фыста, уый уыдис зонгæ æрмæг - йæхи цард, йæхи сæрмагонд ареал, - йæ алыварс цæуджытæ, зонгæ цæсгæмттæ, характертæ, æмæ ахас- тытæ. Иудзырдæй, автобиографи аив хуызты, литературон амæлттæй фæлыст цымыдисонæй бакæнинаг цауты фæдфæдыл æвдисæг хуызист. Ам Сæлимæт æмæ Сосланы цард, сæ алыварс уæвæг архайджыты æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытæ æвдисгæйæ, аив амæлттæй автор йе ’взонгдзинады бонты ду- джы æхсæнад цы цардæй царди, уый уынын кæны бауырнинаг хуызтæй. Уацмысы сæйраг персонажты иу чысыл диалогы ирдæй зыны сæ зынтæй æмæ фыдæбæттæй йемыдзаг бонтæ фæстейæ кæй баззадысты æмæ сæ царды сæйраг нысан кæй сæххæст - алцы бафтыд сæ къухы сæ удуæлдай куысты фæстиуæгæн. Ныр сæ ноджы ма иу сывæллон, иу æфсымæр куы схъомыл кæниккой сæ лæппуйæн - хойæн кæд хо хъæуы, æфсымæры тынгдæр хъæуы æфсымæр. Ацы уацмысы дæр та цардадарддæр кæныны мотив раразмæ кодта сылгоймаг-фыссæг, ам дæр та йæ сæйраг хæс нæ рох кæны: «... Цæрайы дæр æфсымæр хъæуы. Зоныс, ибон мын куыд загъта? Æз æй бафарстон, зæгъын, æфсымæр дæ нæ хъæуы, æмæ мын афтæ, ды, дам, ме ’фсымæр нæ дæ? Иууыл, дам, уæдæ мемæ куы хъазыс? Уый дын йæ зонд. Гъе, æмæ куы фембаргæ уа, уæд дæ йæхицæн æфсымæр æрцагурдзæн. Хъус-ма, кæд кæйдæр æххуырст къуымты зындзинæдтæй нæ фæтарстæ, æртæ сывæллонмæ дæ ныфс бахастай, уæд ныр æхсины цард куы кæныс. Уæдæ æмæ ныр цардæй хъаст кæнын нал хъæуы, фæлæ... Дæ цæстытыл нал уайы, кæдæм дæ æркодтон, уыцы фæйнæгкъул хæдзар? Æдæрсгæ дзы разилæн куынæ уыд... Уæвджыйæдæр, цы уавæрты цардыстæм. Ныр та? Дæ хæдзар стъалыйау æрттивы...». Æмæ цыппæрæм сывæллон тагъд райгуырд, хуыздæр уавæрты æрхаудта уымæн йæ райгуырд дæр æмæ йæ хъомыл кæнын дæр. Бирæ дзурæн ис йæ иннæ сфæлдыстадон куыстытыл дæр. Иумæйагæй та зæгъæн ис йæ хæс - куыд æмбæстаг, куыд мад, куыд курдиатджын сфæлдыстадон кусæг цæсгомджынæй æмæ зæрдиагæй сæххæст кодта Нанион. Иæ куыстæн ын аккаг аргъ
дæр скодтой. 1988 азы йæ Гуырдзыстоны ССР рауагъдадтæ æмæ чиныджы базарады хъуыддæгты фæдыл Паддзахадон комитет йæ цæсгомджын æмæ оперативон куысты тыххæй схорзæхджын кодта Кады грамотæйæ, РХИ Президенты Барамындæй та йын 2000-æм азы лæвæрд æрцыд «РХИ культурæйы сгуыхт кусæ- джы» кадджын ном. У ма куысты ветеран дæр. Йæ 75 азы сæраппонд та хорзæхджын æрцыд "Хæлардзина- ды орден"-æй. Нæ зæрдæ йын зæгъы бирæ азты æнæниз цард æмæ ноджы фылдæр æнтыстытæ царды æмæ сфæлдыстадон куысты. 01.02.2015 Чингуыты тæрхæгыл ÆРТОМ фЪЮПЖТ Ш ’ЖЖМÆ, (Рецензийы бæсты) (Наниты Асиат. «Æнахуыр уазæг», Дзæуджыхъæу «Ир» 2013 аз). Дæ лæвар бирæ! Фæцин ыл кодтон, бакастæн æй æмæ йæ иннæ лæвар чингуыты фарсмæ тæрхæгыл бавæрдтон. Лæвар чингуытæ мæм бирæ ис мæ хæлар фысджытæй, æмгæрттæй, стæй ма 25 азы редакторæй куы фæкусай, уæд кæй уацмыстыл фæфыдæбон кодтай, уый дын бузныджы нысанæн йæ чиныг куыд нæ балæвар кæндзæн, хъарм, зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ - фæндиæгтæ йыл æрфыссгæйæ. Уыцы фæндиæгтæ куы рамыхуыр кæнон, уæд сæ иу чысыл чиныг рауайдзæн, адæймаджы зæрдæ цæуыл фæлæууа, ахæм. Хъыгагæн, фæстаг дыууын артарыд азы чиныг уадзын фæзын - рауагъдад нæм нал и, хихардзæй рауа- дзын та алкæйы къух нæ амоны. Уымæ гæсгæ дæм ног чиныг куы æрбафта, уæд куыд нæ фæцин кæндзынæ! Æз æмæ ды бирæ азты иумæ фæкуыстам рауагъдады, иу хатæны дæр бадтыстæм фæрсæй-фæрстæм. Нæ цин дæр иу уыд æмæ нæ хъыг дæр. Иудзырдæй, кæрæдзийы удыхъæд мисхалгай зонæм. Цурон ныхæстæ нæдæр ды уарзыс, нæдæр - æз. Мæ хъуыды дæ ног чиныджы тыххæй мæ рæстудæй ратæдзгæ кæй у, ууыл дызæрдыджы сæр дæ нæ бахъæудзæн.
Уæдæ кæд кусгæ, цæргæ иумæ, иу горæты кодтам, уæд хæсты дудгæбæттæ æмæ зынтæ, хъизæмæрттæ дæр иумæ бафæрæзтам, кæй зæгъын æй хъæуы. Алцы нæхи цæстæй уыдтам æмæ алы хъуагдзинæдтæн дæр иумæ кæрæдзийы фæрцы фæрæзтам. Мæн нæ рох кæны кæрæдзийæн нæ къæбæр куыд дих кодтам. Ныр та рæстæг йæхион кæны. Цæуы, тагъд кæны. Чысыл сулæфыдыстæм æмæ нæ хæсыл нымайæм, цæмæй цы федтам, уыцы хабæрттæ нæ фæстагæттæн ахæм хуызы ныууадзæм, цæрæнбонты сæ куыд ма ферох уа. Сæ зæрдыл дарой, зоной, цытæ бавзæрстой сæ хистæр фæлтæр, цы удуæлдай тох кодтой ирон лæппутæ, цæмæй сын сæ уæзæг, сæ фыдæлты зæхх фыдызнагæй бахъахъхъæдтаиккой. Æмæ дæ ног чиныг «Æнахуыр уазæг» сæрæй-кæронмæ ацы ха- бæрттыл фыст у. Фыссæг йæхæдæг цытæ бавзары царды, йæхи сæрмагонд цæс- тæй цытæ фены, уыдæттæ йын аив дзырдæй зæгъын зын ма хъуамæ уа. Фæлæ, раст зæгъгæйæ, алы хатт æмæ алы фыссæгæн нæ рауайы йæ фыст ахæм, рæбынмæ чи банкъуысын кæны чи- ныгкæсæджы зæрдæ. Цалынмæ аргументтæ æрхæссон, уæдмæ дын æй развæлгъау зæгъын - дæуæн ацы зын куыст бантыст æмæ мын тынг æхсызгон у. Райсæм æмæ æркæсæм, чиныг кæцы радзырдæй райдайы, уымæй - «Мæ хъæбул». Радзырд-æцæг хабар, Къусраты Зауыры фондзаздзыд фырт Сашкъæйы цыбыр цард æмæ трагикон мæ- лæтыл фыст у, йæ номарæн у. Райдианæй йæ фæудмæ уацмыс æнæскъуыйгæ цымыдисæй кæсыс - цы уыдзæн дарддæр, цы расайдзæн йæ фæстæ ацы хуымæтæггъуыз диалог. Æмæ ирдæй уыныс, куыд райдыдта дыууæ сыхаг адæмы ’хсæн тугкалæн, æнæ- ауæрдон хæст, цæстыфæныкъуылдмæ куыд фæивтой сæ цæсгом, сæ ахаст, сæ удысконд не зноны «адджын сыхæгтæ». Фæивтой, ома? Нæй, реалонæй равдыстой, цы уыдысты, цы уыд æмбæхст сæ удрæбынты - фадат сын фæцис, Советон Цæдис фехæлд æмæ хурмæ ракалдтой æнæвгъауæй сæ æнæуынондзинад æрмæст ирæттæм нæ, фæлæ фæрсæй-фæрстæм æнусты цæрæг иннæ нацитæм дæр. Æмæ сæ æнæфсарм митæй, сæ æгъатыр ахастæй сæнкъуыст чысыл сабийы æнкъараг зæрдæ, срыст зæрдæ ахæм рыстæй, бау- ромæн кæмæн нал уыд. Афтæ рыстæй, мастæй йемыдзаг бинон- тæ куыддæрты æрбафтыдысты Цхинвалмæ. Сулæфыдысты, фæ-
лæ ахæм карз æфхæрд цы саби райста, уыцы рæзгæ уд æрвылуысм æнæхъæн буарæй хаты рыст, йæ цæстæй нал хицæн кæнынц уыцы цъаммар лæгсырдты æнæауæрдон митæ æмæ иу хурбон кæрты фæци йæ цард, æнæсхъæрзгæ, сдзурыны бон дæр æй нал фæци, афтæмæй атахт йæ сыгъдæг уд дзæнæтмæ. Ам ма зæрдылбадаринаг, рухс фæлгонц - мады фæлгонц дæр, дæ цæстæй нал æфты, удæгасау æй уыныс йæ мæстæлгъæд цæсгомимæ. «Иу бон хъазыд кæрты (саби}. Æз хæдзары цыдæр митыл фæдæн. Куы мæ февдæлд, уæд æм фæрсагæй ракастæн, уый кæрты йæ иу фарсыл хуыссыд. Хъуамæ йæм радзырдтаин, зæгъын, кæд фынæй баци. Мæ хъустыл ауад кæйдæр цъæхахст: - Сывæллон! Сывæллон цыдæр кодта... Мæ сæры магъз мын цыма исчи барæхуыста, уыйау фæдæн. Уыцыиу гæппæн кæрты йæ фарсмæ февзæрдтæн... Мæ чысыл хъæбулы мæ хъæбысмæ фелвæстон... мæ тæлтæг лæппу мæ цæнгтыл æрдыдæгътæ, йæ галдзæстытæ ма мæм сзылдта...». Ацы рæнхъытæ кæсгæйæ, мæ зæрдæ суынгæги... Мæхиуыл æрцæугæ æнæнхъæлæджы трагеди раудæгас мæ цæс- тыты раз. Фæлæ ацы рæнхъытæ кæсгæйæ, цыфæнды хъæбæр- зæрдæ адæймаг дæр бариздзæн - мæ хъысмæтæй Хуыцау алкæй дæр бахизæнт, - фæлæ удисгæ сабийы æдых буар мады цæнг- тыл куы æрзæбултæ уа æмæ йын йæ цардхуысгæ цæстытæм ныййарæг куы ныккæса, уæд ма уымæй зындæр, уымæй уæз- заудæр цæф цы хъуамæ уа?.. Хисæрмагонд трагеди ам ницы да- вы. Мæн уый зæгъын фæнды, æмæ мидсагъæс, мидрыст рав- дыстæн ахæм дзырд ссарын æмæ йæ йæ бынаты зæгъын, кæцы чиныгкæсæджы уды баризын кæндзæн, уый фыссæгæн уæлахиз у. Кæд фыссæгæн уый йæ бон баци, уæд бирæ цæуылдæрты дзурæг у, фыццаджыдæр та ууыл, æмæ цы дзуры, цæуыл дзуры, уыдæттыл фыццаг йæхæдæг фæриссы. Иумæйагæй зæгъгæйæ та, кæд дæ фыстыл дæхицæн нæ фæлыгъд дæ хуыссæг, уæд чиныгкæсæгæй мауал рахъаст кæн - уазал зæрдæ, дам, у Ам та автор архайды хайадисæг у æмæ уацмысы тых дæр уый мидæг ис. Иу ахæм радзырдæй дæр фыссæг адæмы зæрдæты йæ фæд ныууадздзæн, бирæ æмæ æнæуд, сур ныхæстæй фыст уацмыстæ та бакæсдзынæ, стæй рохуаты баззайынц. Ацы радзырд чиныгкæсæджы хъуыдыйы æнæмæнг баззай- дзæн риссаг мысинагæй.
Ахæм реалон цардæй исгæ хабарыл амад у радзырд-æцæг хабар «Æнахуыр уазæг дæр». Цыбыртæй, фæлæ факты бындурыл чиныгкæсæг уыны гуырдзиаг-ирон хæсты размæ цы ахастытæ дардтой гуырдзы ирæттæм; куыд архайдтой ирон хъæуты ирон æвзаг дæлдзиныг кæныныл. Ирон хъæуты цы ирон-уырыссаг скъолатæ уыдысты, уыдон æрмæст ном цы хастой, уымæй дарддæр сæм ницыдæр иронæй уыд; ницыдæр уырыссагæй. Ацы скъолатæ æрмæст уыдысты саукусджытæ цæттæгæнæн бынæттæ. Алыгъуызы архайдта Гуырдзыстоны рухсады ми- нистрад, цæмæй скъолатæ æрмæст гуырдзиаг æвзагыл куыста- иккой, цæмæй ирæттæ бонæй-бонмæ сгуырдзиæгтæ уыдаик- кой. Сæ къухы бафтыд ацы скъолаты сгуырдзиаг кæныны хъуыддаг. Уæдмæ змæстытæ дæр райдыдтой æмæ знон ирон ахуыргæнджытимæ цы гуырдзиаг ахуыргæнджытæ куыстой, уыдон цæстыфæныкъуылдмæ раивтой сæ «хæлар» ахастытæ æмæ иу ирон ахуыргæнæджы дæр скъоламæ нал бауагътой. Скъола нæ, фæлæ сæ сæ цæрæн бынæттæй сурын райдыдтой, сæ исад, сæ мулк сын тыхæй истой. Иудзырдæй, гуырдзыйæн сæ интеллигенци ноджы тынгдæр равдыста йæ æнæуынондзинад ирон адæммæ. Радзырды сæйраг архайæг персонажтæ Цæрай æмæ Хадизæ- ты царды фоныл ирдæй, кинонывмæ кæсæгау зыны гуырдзиаг интеллигенцийы æнæзæрдæмæдзæугæ дывзагондзинад æмæ саузæрдæдзинад. Цалынмæ сæ сæр хъуыд, уæдмæ зæвæтсдæ- рынмæ дæр нæ зивæг кодтой, иугæр сæхион сæхирдыгæй фæци æмæ дæуæй фылдæр бартæ бафтыд сæ къухы, уæд уыдонæй хорзмæ мауал æнхъæлмæ кæс, дæ дзæбæхтæ дын цыфыддæр æвзæрдзинадæй бафиддзысты. Афтæ рауад Цæрай æмæ Читъи- швили Тинæйы иумæ хæларæй куысты кæрон дæр. Сабыр рæстæджыты Цæрай скъолайы директор уыд, Тинæ - ахуыргæ- нæг. Цæрай, ирон æгъдауджын лæгыл куыд æмбæлд, афтæ аргъ кодта Тинæйæн æмæ уæд Тинæ дæр йæ хорзы кой йеддæмæ ницы кодта. Рæстæг фæивта - гуырдзиæгтæ рохтæ сæ къухмæ райстой æмæ цæхгæр фæивтой сæ ахаст. Раздæры «уæздан» сылгоймаг Цæраймæ ахæм æнæхсæст дзыхæй райдыдта дзурын, цыма знонæй абонмæ лæджы ном нал хаста йæ директор. Рæстæг, дам, цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Æрхаудта.Тинæ ахæм уавæрмæ æмæ æххормаг куыдзымгадæй Цæрайы бинойнаг Хадизæтмæ æххуысгур æрхауд. Цы фæци йæ сæрыстырдзинад?!
Æмæ сæ мæтæй зæрдæрыст Хадизæт дæр баххуысы бæсты æнæ- хонгæ уазæгæн дуарырдæм ацамыдта... Фыссæг аив дзырды фæрцы æцæг хабæрттæ фæлмæн æмæ хъæздыг ирон æвзагæй нывæнды æмæ сæ чиныгкæсæг стыр æхцондзинады æнкъарæнтимæ кæсы. Афтæ цымыдисон, химæ- лвасгæ эмоцитимæ фыст сты чиныджы ма цы радзырдтæ сты мыхуыргонд, уыдон дæр. Сæ сæйраг темæ - ирон адæмы хъыс- мæт фæстаг 20 азы тугкалæн хæсты рæстæджы. Алкæуыл дзурыны сæр, æвæццæгæн, уæлдай рауайдзæн, фæлæ ма дыууæ ныхасæй зæгъдзынæн чиныджы кæрон цы радзырд ис, уый тыххæй. «Кæуын зындæр у...», - афтæ рахуыдта автор радзырды æмæ кæд радзырды сæйраг персонаж фидар удыхъæды хицау у æмæ йæ сæфт амондыл масткæнгæйæ, йæ цæссыг никæмæн уынын кæны, уæддæр ын йæ царды хабæрттæ чи кæсы, уый нæ бауромдзæн йæ цæссыг. Цыбыртæй - чызгæн йæ уарзон хæстæй нал æрыздæхт, йæ адæм, йæ бæстæйæн нывондæн æрхаста йæ уд æмæ чызгæн дæр ууыл фæци йæ амонд - никæйуал айста зæрдæ, никæйуал бауарзта æмæ цæрæнбонтæм иунæгæй арвыста йæ бонтæ. Зоны, афтæ нæу раст, цард йæхион домы, сылгоймаг царддæттæг хъуамæ уа, фæлæ афтæ æгæрон, сыгъдæг æмæ тых- джын у Нуцайы уарзондзинад Таймуразмæ æмæ зонд нæ фæтых зæрдæйыл. Радзырды цымыдисон, удæгас нывтæй æвдыст цæуынц Ну- цайы æвзонджы бонты цард - чысылæй фæстæмæ зарын æмæ кафын кæй уарзта, ансамблимæ кæм нæ æрзылд заргæ, йæ куыст, йæ коллективимæ ахастытæ - æмæ фыссæг алцы кæрæдзийы фæстæ арæхстджынæй афтæ хал кæны æмæ цæуыс йемæ цы- бæлгæнгæ. Цæуыс æмæ фæстагмæ æрцæудзынæ пенсиисæг Нуцамæ, кæцы йæ сыгъд амондыл кæугæ нæ - заргæ кæны фæн- дырыл. Зары йæ сæфт амондыл, цæссыгтæ та мидæмæ - зæрдæ- мæ згъæлынц. «Зарæн ис дыууæ хуызы: иу зары йæ зæрдæйы цин равди- сынæн, фырхъалæй, æппындæр никæйы уыны, йæ уды дзæбæ- хæн. Иннæ та зары - йæ хæс кæй у, кæнæ та йæ уавæр кæй домы, уый тыххæй. Йæхицæн нæ зары, фæлæ кæмæндæр. Æз дæр ауал азы зарыдтæн кæмæндæр, мæ зæрдæ мемæ никуы зарыд, аф- тæмæй. Æз зарыдтæн, мæ хæс кæй уыд, уый тыххæй, залы фæрсæй-фæрстæм цы дыууæ уарзон уды бады, уыдонæн... Æмæ уыдонмæ кæсгæйæ, уыдонмæ тæхудыгæнгæ, мæнæн та мæ зæр-
дæ йæхимидæг ставд цæссыгæй куыдта... Фæлæ йæ æз никуы равдыстон... Ныхъуырдтон цæссыгтæ...» Ацы радзырдыл бирæ дзурæн ис, фæлæ æз цыбыртæй зæгъын мæ тæлмæн: автор, ды йæ схуыдтай «Кæуын зындæр у...», - æз та йæ схуыдтаин «Балладæ уарзондзинадыл». Кæй нæ бауырна, уый йæ зæрдæйы хъустимæ бакæсæнт. Æз хатын, дæ фыстытæ дæ зæрдæйæ, дæ удæй ратæдзгæ сыгъдæг æнкъарæнтæ сты, маст æмæ цæссыджы дзæкъултæ сты. Æууæнды дыл чиныгкæсæг. Дæхи маст фылдæр кæй у, уый сæ зыны. Ирон литературæйæн, ирон адæмæн цас дæ бон баци, уыйас балæггад кодтай. «Сылгоймаг, дам, лæггадæн гуырд у», - уый дæр дæхи хъуыды у æмæ раст у, фæлæ дæ архайдæн дæр æмбæ- лы, нæ рæсугъд ирон сылгоймаг, ирон мад, раст саргъкæнын æмæ дын балæггад кæнын, уый аккаг дæ. Æз райгонд дæн дæ куыстæй, ноджы дæр дын бантысæнт. 2014
УÆЛÆМХАСÆН %/ЕЮ-№У ЮЪМ НЯЛ МФЫЗСВÆХОЯ... (Новеляæ) Арын дзы мæ фыдыхойы лæппутæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй удæгасæй чи нал æрæздæхт - Хъуылымбегты Никъала æмæ Бежаны рухс нæмттæ. Автор «Хæхтæ; мæ уарзон хæхтæ, урс æврæгътæ худæн чи дарынц, - цъæх кæрдæг та - нымæтæн, цæуыл катай кæнут? Цæмæн афтæ æрхуымæй лæуут? Уæ дидинвæлыст фæрстыл уый кæй цæссыг æрттивы нал- хъуыт-налмасау? Уæ маст уæ зæрдæты арф нымбæхстат, йæ раргом кæнын уæ нæ фæнды - тыхджын, быхсаг стут... Фæлæ рæстæгæй-рæстæгмæ уæддæр ныррыхут, уæ тыппыр- тæ суадзут, уæ цæссыг къадатæ фесты æмæ уæ риутыл рызгъоры... Æмбарын уæ, æнæзæгъгæйæ дæр уæ ’мбарын. Мæ чысылæй фæстæмæ уæ куы зонын. Уæ удысконд - куы рæвдаугæ, хъарм, куы та - карз, тызмæг, фæлæ уæддæр аудгæ - абоны онг дæр æнкъарын. Æмæ уæм фæцæуын мæ хъуыдытимæ, мæ ивгъуыд бонты мысинæгтимæ уæм фæцæуын. Тындзын уæм æмæ мæхи- цæн уырнын кæнын - фендзынæн та, уæ хъæбысы чи схъо- мыл, уыцы рæхснæг, хъæлдзæг лæппуты. Худгæйæ та мыл сæм- бæлдзысты, кæддæрау та мыл баузæлдзысты...». - Ие-гъее, ам нæ хæдтулгæ, æвæццæгæн, къухæй тулинаг фæ- уыдзæн! - ацахстой йæ хъустæ лæппуйы хъæлæс æмæ сылгой- маг йæ хъуыдытæй фæиппæрд. Хæдтулгæ æрлæууыд. Хæдтулгæскъæрæг лæппу рахызти, аракæс-бакæс кодта - фæзилæны къæдзæхæй расхъиугæ стыр фæзгъæртæ фæндаг æрæхгæдтой æмæ дзы ахизæн нал уыди.
Уый дуар бакодта, йæ къух бадар^ . кодта зæронд усмæ æмæ йæ хæдтулгæйæ арæхстгай рахизын кодта. Ус дæр æркаст уыцы стыр дуртæм æмæ æрхæндæгæй афтæ: - Ардыгæй ма иучысыл бауайын хъæуы, къахæй дæр гæнæн уыди, фæлæ зæронд æрымысæгæн цы загъдæуа, - æмæ цыма йæхæдæг уыди азымджын, ахæм цæстытæй бакаст лæппумæ. - Ма тыхс, æна, кæд исчи фæзынид æмæ мын аххуыс кæнид, иунæгæй сæ куыд атулон иуæрдæм, æгæр стыр фæзгъæртæ сты, - аныфсæвæрдта лæппу йæ æнайæн. Сæ дыууæ дæр кæцы фæндагыл æрбацыдысты, уыцырдæм кастысты. Змæлæг никуыцæй зынд. Бæрзонд хæхты ’хсæнты цы цæугæдон цыд, уый йæхи дуртыл хойгæ згъордта дæлæмæ. Хур бон уыд. Сабыр дымгæ хæхты фæхстыл цы назбæлæстæ сарæх сты, уыдонимæ хъазыд. Хуры тынтæм бæлæсты хихтæ куы фырцъæх-цъæхидæй æрттывтой, куы та-иу сыл цыма æрвгъуыз тæлмытæ аивылдысты. Кастысты æвзонг лæппу æмæ йæ зæронд æна æрдзы алæ- мæттаг нывтæм æмæ сæ кар куыд дард уыди кæрæдзийæ, аф- тæ сæ мидхъуыдытæ дæр - æвзонг лæппуйæн хæххон сыгъдæг уæлдæф тыхы хос лæвæрдта, афтæ хатыд йæхи æмæ, хохы цъуп- мæ кæсгæйæ, йæ зæрдæ стæхыны æввонг дзинг-дзинг кодта. «Куыд рæсугъд, куыд хорз у ам алцы æмæ дзы цæрæг цæмæннæ зыны?» - цæмæй зыдта нырма сывæллон-лæппу иу-цалдæр азы размæ ам куыд цардуарзон адæм змæлыд, хохы дæлбазырты цас фосхызти... Зæронд ус та донбылгæрон бадти æмæ йæ цæстытыл уадыс- ты ацы комы адæм сæ цинтимæ, сæ хъыгтимæ æмæ мысыд, куыд æмуд цард кодтой, уазæг дæр сын куыд иумæйаг уыди - кæмæ цы уыд цæттæ, уымæй-иу фысымæн йæ къух арæзтой. «Цас рацыди уæдæй абонмæ? Æвæццæгæн, дзæвгар рæстæг - хæстæй æвдай азы аивгъуыдта... Æниу, рæстæг дымгæйæ хъауджыдæр нæу - тæхы, базыртæ нæ агуры...». - Æна, цæй аздæхæм фæстæмæ, æндæр хатт дæ раласдзынæн. Кæсыс, куыд ничи зыны, æвæццæгæн, зонынц, ахизæн дзы кæй нæй, - æввахс æм бацыд лæппу. - Дæ хæдтулгæ ам дзæгъæлæй куыд ныууадзæм, æндæра... Иунæгæй та мæ ныфс нал хæссын... афтæ ’нхъæлыс, бирæ цæ- уын ма нæ хъуыд - мæнæ ацы цæугæдоны былтыл иучысыл
бауадаиккам æмæ галиу фарс Тъалкъ дæр разындаид. Тъалкъæй ма бæрцæй 15 минут доны фæрсты бауайдзынæ æмæ нæ хъæу дæр... Нал фæци кæронмæ йæ ныхас, лæппуйы цæсгомыл фæ- хатыд - нал æм хъуыста. Æмæ йæ æвиппайды афарста: - Гоги, æххормаг дын у, нæ? - Нæйы, æна, æххормаг мын нæу, фæлæ афтæ кæдмæ æн- хъæлмæ кæсæм? - Кæд дын æххормаг нæу, хъæбул, уæд æрбад мæ цуры. Сыгъ- дæг уæлдæфмæ хуыздæр у, хæдзар кæдæм лидзы, ацæудзыстæм. Сбад мæ цуры æмæ дын радзурон, афтæ зæрдиагæй мæ цæмæн фæнды уыцы хъæумæ цæуын, уый. Лæппу зивæгæй, фæлæ уæддæр æрбадт йæ цуры дурыл, «нæ» зæгъын нæ бафæрæзта йæ фæлмæнтæ æнайæн. - Ацы бынат дæм рæсугъд кæсы, мæ зæрдæ, фæлæ куыдми- дæмæ ноджы рæсугъддæр æмæ цымыдисондæр у. Тъалкъы кой дын куы скодтон æрдæбон, - уый куыддæр ацы фæзилæнæй ахи- зай, афтæ донæн йæ галиу фарс ис. Уыцы чысыл цæрæн бынаты «шахтерты поселок» схуыдтой. Уымæн æмæ йæ рæстæджы ацы хохы хуылфы тъалкъы минералы гуырæн ссардæуыд. Уыцы ми- нерал та тынг хъæуæг у медицинæ æмæ техникон фадыджы. Æрзæткъахæнæй уыцы цъæх минерал истой, ссадтой йæ элект- ронон куырæйтты æмæ йæ бæстæйы алы къуымтæм ластой. Дзæвгар адæм куыста ам, Уæрæсейæ æрхонгæ специалисттæ дæр æмæ сын цæрæн хæдзæрттæ дæр самадтой, сæ бинонты дæр æркодтой æмæ ацы дзæнæты хуызæн къуымы цард æхсыст. Тъалкъы поселокæй доны былыл цы иукъахвæндæг ис, ууылты бацæудзынæ æмæ ноджы рæсугъддæр хъæумæ бахау- дзынæ - Гуиргуинæ кæмæн хуыйны йæ ном, уырдæм. Бæрзонд, цъæхвæлыст хæхтæ йыл цыма хъула æркодтой æмæ йæ се тары ныттыхтой. Ацы хъæуы фылдæр Хъуылымбегты мыггаг цардысты. Сæ хæдзæрттæ афтæ æввæхсты-æввæхсты амад уы- дысты - фæзбынат дзы чысыл кæй уыд, æвæццæгæн, уымæн - æмæ сæ кæцы бинонтæ цы хæринаг цæттæ кодта, уый-иу тæфæй базыдтам уынджы хъазгæйæ. Ацы хъæуы царди иу сидзæргæс сылгоймаг, йæ кад, йæ ном æгас комы бафæзминаг кæмæн уы- дысты, ахæм. Хæрзæвзонгæй фæзиан йæ цардæмбал æмæ йын æртæ чысыл лæппу баззади. Рæсугъд уыд сæ мад чысыл си- дзæртæн, афтæ рæсугъд, æмæ йæ æртæ сабиимæ дæр курджытæ
уынгæджы кодтой, фæлæ хатджыты сдзурын дæр никуы ба- уагъта: «мæ сæрыхицауы кад мæрдтыбæсты дæр дæлæмæ не ’руадздзынæн», - загъта æмæ йæ сыгъдæгæй сæххæст кодта. Удвидар æмæ зондджын уыд Евæ. Хуыцау алцы иумæ нæ фæ- дæтты адæймагæн, фæлæ Евæйæн алы хорздзинад йæ цæст бауарзта, уыйхыгъд ын сидзæргæсы уæззау уаргъ сæвæрдта йæ уæхсчытыл. Цыфæнды хорз дуджы дæр, сылгоймагæн зын у иунæгæй хæдзар дарын, æртæ æнахъом сабийы æнæфæкæсæ- гæй схъомыл кæнын. Ныййарæг йæ хъæбулты уарзтæй тых- джын æмæ ныфсхаст у - цыфæнды зындзинадæн дæр фæразы. Евæ дæр æхсæв æмæ бон нал зыдта - куыста хæдзары, колхозы æмæ къæбæрцух никуы уыдысты йæ сывæллæттæ. Мыггаг дæр тынг аргъ кодта сæ кадджын чындзæн æмæ сæ бон куыд уыд, афтæ йæ фарсмæ лæууыдысты. Сидзæр, дам, тагъд рæзы, фæзæгъынц. Сæр æй хъæуы æмæ, æвæццæгæн, уымæн. Дæс-дыууадæсаздзыд лæппу лæгыл ны- мад цæуы хæдзары. Æмæ Евæйы лæппутæ дæр сæ чысылæй фæстæмæ сæ мадмæ гæсгæ кусыныл сахуыр сты, алцæмæ рæхс- тысты æмæ ныййарæгæн йæ къух рог кодтой. Дыууæ хистæр - Никъала æмæ Бежан сæ фыдау уонгджын, бæрзонд æмæ сæ ма- дау цæсгомæй рæсугъд лæппутæ рацыдысты. Кæстæр - Сосо цыдæр тæнтъихæг, рынчынтæгæнаг уыд æмæ йæ хистæр æф- сымæртæ буц дардтой - уæззау куыстæй йæ хызтой - сæныччы- тæ æмæ йын род бакодтой йе ’вджид æмæ, кæрæдзийы æм- баргæйæ, архайдтой. Афтæ - дарддæр кодта йæ ныхас зæронд æна, - цард, мæ зæрдæдарæн, цыфæнды зондджын ахуыргæ- нæгæй дæр хуыздæр ахуыргæнæг у, æрмæст къæрцхъус æмæ зæрдæргъæвд хъуамæ уай. Иу бон дæр дæхи ма хъуамæ ауадзай, дæ армæй, дæ зондæй исты хъуамæ бафта хæдзарыл. Афтæ сæ хъомыл кодта мад æмæ сындæггай размæ цыд бинонты цард, æнæхицау сты, уый сыл нал зынд. Ахуыр дæр хорз кодтой. Хъæ- уы астæуккагскъолайы ахуыр куы фесты, уæд Никъала, куыд хистæр, афтæ барджынæй Бежанæн загъта: - Ды махæй ахуыр лæг хъуамæ рацæуай, хынджылæгæй дын æй нæ дзурын. Адарддæр кæн дæ ахуыр, æз хæдзармæ кæсдзы- нæн æмæ дæуæн дæр æххуыс кæндзынæн. Иумæ куы ныууадзæм хæдзар æмæ нæ дыууæ дæр ахуырмæ горæтмæ куы ацæуæм, уæд гыццийæн зын уыдзæн иунæгæй.
Æцæгæйдæр, афтæ аскъуыддзаг кодтой мадимæ æмæ Бежан Чъребамæ рацыд йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ. Бахауд уæлдæр ахуыргæнæндонмæ æмæ мады цинæн кæрон нал уыд: «слæгтæ сты мæ лæппутæ, цард сын феста мæ уд, ныр мын Бежан уæлдæр ахуыр фæуыдзæн æмæ нæ комы нымад лæг уыдзæн». Фæлæ хъысмæт æгъатыр у - адæймаг кæронмæ йæ цинæй бафсæда, уый бар ын нæ дæтты. Афтæ куы загъта йæхинымæры Евæ - ныр мын ницыуал у, сæ царды хъуыддæгтæ аразын сæ бон баци мæ хъæбултæн, æз дæр чысыл сулæфдзынæн, зæгъгæ, уæд бæстыл æрвнæрдау айхъуыст: «Хæст райдыдта! Герман нæм æрбалæбурдта!» Æмæ та фыдæнхъæл фæци сидзæргæс. Иу уысммæ ахуыссыдысты йæ рухс бæллицтæ: «тагъд хъæбулы хъæбултæ хъомыл кæндзынæн, мæ хæдзарæй та райхъуысдзæн сывæллæтты хъæлæба, худын, зарын. Чындзытæ та мын чыз- джыты бынаты уыдзысты...». Хæст Ирыстонæй тынг дард цыд, фæлæ знаджы ныхмæ алы къуымæй дæр, алы горæтæй дæр цыдысты тох кæнынмæ хæст- хъом нæлгоймæгтæ. Уыцы сæрд Никъаламæ дæр æрсидтысты æмæ сæ хъæуы лæппутимæ иумæ ацыдысты. Фыццаг аз дзы арæх иста мад фыстæджытæ. Æмæ йæ цард иу фыстæгæй иннæйы райсынмæ æрдуйæ нарæгдæр кодта. Стæй рацыд иу мæй, дыууæ, æртæ... æмæ ныуурс сты мады цæстытæ æнхъæлмæ кæсынæй. Ницыуал æрыхъуыст лæппуйæ. Афæдзы фæстæ Бежаны дæр акодтой. Афæндараст кодта йæ дыккаг хъæбулы дæр æмæ кæд йæ рынчынтæгæнаг кæстæр йæ фарсмæ уыд, уæддæр æм хæдзар, кæрт, хъæу афтид касти. Хъæу дæр, æцæгæй, раафтид - ахæм хæдзар нал баззад, йæ хъæбул, йæ хæдзардарæг хæстмæ кæмæн нæ ацыд. Уæд дзы æндæр гæнæн ма цы уыд - кæрæдзийы фæрцы хъуамæ фæтых уыдаиккой сæ мастыл дæр æмæ сæ иумæйаг куыстыл дæр. Ноджы тынгдæр æрбангом сты, тынгдæр ныккастысты адæм кæрæдзийы зæр- дæтæм æмæ æмдыхæй архайдтой сæ куыстытыл - хæстонтæн дæр æххуыс хъуыд - кæм хæлцæй, кæм хъарм дзаумæттæй. Æмæ быдтой устытæ цъындатæ æхсæвыгæтты мынæг рухсмæ. Ал- чидæр сæ хъуыды кодта - «кæд мæ хъæбулмæ фæхæццæ уаид мæ къухæй быд цъында, кæд нæ, уæддæр æй чи скæна, уый æвыдæй æрыздæхæд йæ ныййарæгмæ». Хæсты быдырæй-иу фыстæг куы æрцыд, кæмæйфæнды уы- даид, иумæйаг цинхæссæг уыд æнæхъæн хъæуæн. Цалдæр хат- <®^с!^§^ 574 "хй^З^й^
ты-иу æй бакастысты æмæ сæ ныфсыл ныфс æфтыд - сом та кæд мæнмæ æрæрвитид мæ хъæбул, зæгъгæ. Бежан фыццаг аз арæх фыста. Стæй цалдæр мæй нал хъуыст йæ хабар. Зымæджы ’рдæм та райстой иу æртæкъуымон, ихсыд конверт æмæ ууыл фæци. Севастополæй уыд уыцы фæстаг фыс- тæг. Цыдысты афтæ, æнхъæлмæгæсгæ, бонтæ, азтæ æмæ иугæр знаг Советон бæстæйы арæнтæй куы фæсырдтой, уæд сæ ныфс фæфылдæр адæмæн, фæлæ фыстæджытæ фæкъаддæр сты. Евæ ма ууыл дæр мæт кодта - тагъд кæстæрыл дæр стдæс азы æххæст кодта æмæ мын ацы лæппуйы дæр куы акæной. Йæ зæрдæ-иу йæхи къултыл хоста. Фæци хæст. Æнхъæлмæ кæсынæй рафтыд мады зæрдæ. Изæрæй-иу рухс куы ссыгъта, уæд-иу æй райсоммæ нæ ахуыссын кодта - уæдта æхсæвæй æрцыдысты, уæд хæдзарæй рухс кæ- ла... Мады зæрдæйæн та цы зæгъа лæг, цынæ æрцæудзæн йæ хъуыдымæ - хæдзары онг чи æрцæуа, уый дуар нал фендзæн?.. Мастимæ тагъд зæронд кæны адæймаг. Кæддæры рæсугъд цæсгом банцъылд, цæстыты рухс батад, уæрджытæ коммæ нал кастысты. Уæддæр нæ састи: «Уый гæнæн нæй, куыд хъуамæ фе- сæфтаиккой мæ сагсур лæппутæ, æппын сæ уынæг ничи разынд? Афтæ æбæрæгæй куыд гæнæн ис лæг фесæфа?...» Ис, алцы гæнæн дæр ис... Ахæм дæргъвæтин тугкалæн хæс- ты, милуан адæймæгты цард кæм аскъуыд, уым æбæрæгæй сæфтытæ дæр бирæ вæййы... Уый мады зæрдæйы нæ уырны хъæбулы сæфт, ацы хъуыдыимæ бафидауын нæ комы зæрдæ. Æмæ уæддæр, æнхъæлмæ кæсгæйæ, æрвыста йæ царды бонтæ. Афтæ, æнхъæлмæ кæсгæйæ, рацыд æнæхъæн дæс азы. Дæс хат- ты Уæлахизы бон цытджынæй банысан чындæуыд æнæхъæн бæстæйы. Æмæ иу сæрдыгон бон æнæзонгæ уазæг фæзынд Евæмæ. Кæрты цыдæр архайдта, афтæмæй йæм иу бæрзонд, сау- лагъз чызг кæрты гом дуарæй мидæмæ бакъахдзæф кодта æмæ ныллæг, ризгæ хъæлæсæй салам загъта: - Дæ бонтæхорз... Евæ йæм дисхуызæй ракаст, стæй йæм æввахс бацыд æмæ йыл йæ цæст куы æрхаста, уæд йæ зæрдæ цыма цыдæр фæхатыд - цинæй барызти. - Хорз бонтæ дыл цæуæд, дæ нывонд, - йæ къух æм бадаргъ кодта.
Чызг зыдта Евæйы, Балтайы скъолайы ма куы ахуыр кодта Бежанимæ, уæд æй иу-дыууæ хатты федта, афтæ дардæй, фæлæ йын никуы базонгæ кодта йæхи. Ныр уыцы рæсугъд Евæ бынтон æндæргъуызон уыд æмæ йæ зæрдæ суынгæг, йæ къух ын нæ райста, афтæ йыл йæхи баппæрста æмæ йыл ныттыхст, кæугæ- йæ йæ йæ риумæ балхъывта... Гоги йæ æнамæ афтæ, фæтджыхъæдæн хъуыста. Иуæй-иу зæрдæмæхъаргæ хабæрттæм-иу фæкъæрцхъус æмæ-иу усæн йæ цæсгоммæ бакаст. Ныр нал баурæдта йæ цымыдис: - Чи уыд, æна?! Æвæццæгæн, йæ уарзон! - Базондзынæ йæ, мæ лæппу, - загъта йын æмæ адарддæр кодта йæ дзуринаг. - Фыццаг зæрдæуынгæг уысмыты фæстæ сæ дыууæ дæр се ’муд æрцыдысты. Мидæмæ бакодтауазæджы Евæ... Æмæ чызг цытæ радзырдта мадæн, уый ахæм æхцон æмæ, уый- æмрæстæджы, афтæ риссаг уыд, æмæ йæ цæссыг æнæаскъуый- гæ лæдæрст рустыл. Чызг сыхаг хъæуккаг разынд, Гæззатæй. Астæуккаг скъола иумæ фесты Балтайы - сæ хъæуты авдазон скъолаты фæуыны фæстæ æввахс хъæутæ иууылдæр Балтамæ цыдысты, æрмæст ам уыд астæуккаг скъола. Ам ахуыргæнгæйæ, Бежан æмæ Олинкæ - афтæ хуынди чызг - кæрæдзи бауарзтой. Скъола куы фесты, уæд сæ дыууæ дæр Чъребамæ ацыдысты ахуыр адарддæр кæнынмæ. Фæлварæнтæ хорз радтой æмæ бахаудысты уæлдæр ахуырмæ. Уыцы иу аз сæ царды уыдис амондджын, цины æвдылд бонтæ. Фæлæ фыццаг курс фесты æмæ августы кæрон Бежаны хæстмæ акодтой. Сентябры чызг онгмардæй ацыд институтмæ. Афтæ фæцахуыр кодта цыппар азы. Фæци йæ ахуыр, кусын райдыдта ахуыргæнæгæй. Курджытæ йæ бæргæ уыд, фæлæ никæмæ рай- хæлд йæ зæрдæ. Йе стыр хæзна уыдысты, Бежан æм хæстæй цы фыстæджытæ æрвыста, уыдон. Сбур сты къонверттæ, уæддæр сæ абоны онг æвæры, цал хатты сæ бакæсы, уал хатты йын уды æхцондзинад дæттынц, кæд сыл цæссыг дæр фæкалы, уæддæр. Дзырдта чызг æрхæндæгæй. Хъуыста мад æмæ йе ’взонджы бонтæ йæ цæстыты раз миты тъыфылтау тадысты. - Куыд ацыдаин искæйы фæстæ, ахæм фыстæг мæм уыд мæ удæй фылдæр кæй уарзтон уымæй, æмæ... - чызг йæ хызын ба- кодта, систа дзы зæлдаг къухсæрфæны тыхт бур фыстæг æмæ йæ
кæсы: «Мæ саурæсугъд Олинкæ, фыссын дæм акъоппы бадгæйæ. Нæ зонын фæхæццæ дæм уыдзæн ацы фыстæг æви нæ, æгæр дард стæм. Тæрсгæ мын ма кæн, æз алцæуыл сахуыр дæн. Æхсынц нæ, мах дæр сæ æхсæм! Мах размæ æнцайæм, уыдон фæстæмæ, сæ фæд-фæд лидзынц. Фæлæ махæй дæр æрхауы нæмыджы бын салдат... хæст у, алцæмæ дæр хъуамæ æнхъæлмæ кæсай. Мæн ныфс ис, ницы мын ракæндзысты ацы лæгхортæ. Фæлæ мæм хъус, мæхи Олин- кæ, кæд-иу дын нал æрыздæхон, уæд зонын, дæ цæссыг мыл фæкалдзынæ. Уырны мæ, дæ зæрдæ мыл никуы сивдзынæ, фæ- лæ-иу дæ амонд ссар. Дæу чи нæ бауарза, ахæм лæппу а бæстыл нæ разындзæн, мæ рæсугъд, мæ хурты хур. Æмæ-иу смой кæн лæгау-лæгæй... Фæлæ дæ зæрдæйы рæбын дæхи Бежаны уарзт дæр дар, сусæгæй...». Банцад чызг. Мад æдзынæгæй касти чызгмæ, нал куыдта, стæй йыл ныттыхсти æмæ нымæг хъæлæсæй загъта: «Куыд мæгуыр дæ сылгоймаг, цæмæнты нæ фæразыс». Лæппумæ тынг бахъардта ацы æцæг хабар, стæй йæ æна афтæ зæрдæбынæй, хъарм, химæлвасгæ хъæлæсæй дзырдта, æмæ... Чысылæй дæр-иу ын афтæ дзырдта аргъæуттæ, цыма ал-лол-лай зарыд æмæ-иу йæ хъæбысы бафынæй. Ныр дæр æнæсымæй хъуыста æмæ дзырд куы фæци, уæд йæ зæрдæ суынгæг, чысыл-ма бахъæуа скæуа, æмæ: - Æна, цы фæци стæй Олинкæ? - йæ ном ын афтæ загъта, цыма йæ хорз зонгæ уыд. - Ехх, хъæбул, Олинкæ дæр бирæ нал ацард, бæрцæй æртæ азы. Уыцы æртæ азы-иу арæх æрбацыд Евæйы уынынмæ. Хъæбулы уарзтæй бауарзта Евæ йæ чындзаджы. Йæ амæлæтыл афтæ фæрыст æмæ йæ хъарджытæм адæм сæ богъ-богъ нал урæдтой. Афæдзмæ йæ саутæ нæ систа, йæхи лæппутыл никуы скодта - уæдта мын удæгæстæ сты, Олинкæйы табæты цур та æхсæвбадæнтæ фæкодта. Цалынмæ æгас уыд, уæдмæ йæ койæ не ’фсæст, мæгуыр. Иудзæвгар ма абадтысты, цалынмæ зæронд ус йæхæдæг нæ загъта: - аздæхæм ныр, мæ лæппу зæгъгæ, уæдмæ. Гоги æрхæндæгæй касти хæхтæм. т^^Р^-577 -х^^о^© *37
Хæхтæ та, бæрзонд хæхтæ, бирæфенæг куырыхон лæгтау, æмырæй лæууыдысты. Сæ сæрмæ арвыл урс æврæгъты пирæн- гæмттæ цадæггай, размæ ленкгæнгæ, кæрæдзийы фæдыл ных- хал сты... 2015, март. иЯ<ВПЪ1 УЫ(ЮЪЮЖЬ1 (Эссе) Мæхи Гоги æмæ Дæдуйæн. Автор «Цард диссаг у», - арæх фæдзурæм исты цымыдисон цау фе- хъусгæйæ, афтæ арæх, æмæ ацы хъуыды иугъæдон сси. Уый- хыгъд никуы никæмæй фехъуыстон «мæлæт диссаг у», зæгъгæ. Цымæ цæмæн? Ома мæлæт къаддæр цымыдисон феномен у? Адæймаг куыддæр мады гуыбынæй раирвæзы æмæ уæлдæф нынныхъуыры, афтæ скæуы - «уææ-уææ»... æмæ мæлæт дæр уыцы тæккæ йæ уæлхъус февзæры. Мæлæтæн нæй хуыз, нæ йын ис хъæлæс, афтæмæй царды фаззон у - æнæфæфиппайгæ, адæймагимæ æмдзу кæны æмæ йын йæ царды бонтæй уысмгай, сахатгай, бонгай давы. Адæймаг та ууыл никуы ахъуыды кæны - мæнæ баизæр и æмæ йæ цардæй иу бон фæхъуыд, ацы хъуыды йæм никуы æрцæуы. Сбон и, йæ куыст бакодта, цыдæр йæ къухы бафтыд æмæ байради. Изæр та - æхсæв улæфынæн у æмæ афтæ дарддæр йæ цард кæны. Æрмæст зæрондæй, йæ тыхтæ цардимæ тохы куы баихси- йынц, йæ бон куынæуал вæййы, зæрдæ ма цыдæртæ аразынмæ куы тырны, фæлæ нал - астæу, нал - уæраг коммæ куынал фæкæ- сынц, уæд фæзыны тасæфтауæг æнкъарæн æмæ йæ сбæтты. «Цы уыдзæн дарддæр?» - уæгъд æй нал уадзы хъизæмайраг фарст. Æрмæст зæрондæй, æдыхæй бамбары рæстæгæн йæ аргъ æмæ алы райсом Хуыцаумæ кувы: «бузныг, не скæнæг, абоны бон дæр мын кæй балæвар кодтай». Уый та - мæлæт - йæ фæсхъус лæууы æмæ хинымæры цин кæны: «Ныр та мын кæдæм ирвæзыс...» Уæдæ цы зæгъа лæг, кæцы сæ диссагдæр у? Цард æви мæлæт? Щ^><^у 578 ^^о^®>
Адæймаг йæ уды ныфсæн уымы бæстæйы фæдыл таурæгътæ нывæнды, алы цымыдисон, зæрдæ цæуыл фæлæууа, ахæм рæ- сугъд аргъæуттæ мысы. Иуæй уый тынг хорз у, адæймагæн зон- ды хос: амы бæсты, уæлæуыл куыд рæстагæй, нæртонæй, хæ- ларæй, адæмы уарзгæйæ фæцæрай, уымы бæсты дæр дын ахæм цард уыдзæн. Фæлæ барвæндæй уырдæм никæй фæнды... Фидарæй йæ куы уырнид - ис, зæгъгæ, уым дæр цыдæр хорзæй, уæд йæ хъæбулы мардыл зæрдæскъуыдæй цæмæн фæкæуы? Цард! Арвы бын, хуры бын хуыздæр у уæвын цыфæнды дзæнæтæй- дæр. Мæлæтæй цыфæнды фыддзард, фыдхъизæмайраг, фыд- куыстимæ цæрын хуыздæр у Нæ фыдæлтæ уæгъды нæ загътой: «Бæхы цæфхад æмæ къахы алгъы ’хсæн цæрын хуыздæр у мæ- лæтæй». Уымæн фæкæсы лæгмæ, цыфæнды дæргъвæтин цард дæр, цыбыр. Æртын азы ныл куы цæуы, уæд нæм куыд бирæ фæкæсы искæуыл æстай азы куы сæххæст вæййы! Стæй нæхæ- дæг куы бахæццæ вæййæм уыцы кармæ, уæд бамбарæм, ницы уыйбæрц нысаниуæг ис азтæн. Сæйраг у цы бафтыд нæ къухы, цы рацардыстæм, уыцы рæстæджы цахæм фæд ныууадздзыс- тæм нæ фæстæ. Æмæ мысæм нæ ивгъуыд бонты цард. Æрымысæм куыд рæ- сугъд уыд æвзонгæй алцы, фæлæ не спайда кодтам рæстæгæй куыд хъуыд, куыд хуыздæр уыд, афтæ. Цардæй куырыхондæр ахуыргæнæг нæй. Алцы дын бавза- рын кæндзæн, алцы дын бацамондзæн хорзæй дæр æмæ фыдæй дæр. Стæй дæ дæ зонд, дæ зæрдæ куыд самона, афтæ архай. Фæлæ, хъыгагæн, адæймаг алцы куы базоны, уæд æгæр байрæджы вæййы - йæ зонындзинадæй спайда кæна, уый фаг хъару йæм нал вæййы. Рæстæг ын фæлтæрддзинад бæргæ ныууадзы, фæлæ йын уыйхыгъд йæ тыхтæ йемæ аскъæфы. Æмæ афтæ... Ныр зæронд Æна дæр бæргæ бамбæрста алцы, фæлæ-ма цафон? Кæд йæ цæрæнбонтæ иууылдæр кусгæйæ, ар- хайгæйæ, арвыста, уæддæр æм фаг нæ кæсынц - уый дæр ма мын куы бантыстаид, уый дæр - ранымайы йæ аразинæгты. Фæлæ аразинæгтæн фæуæн нæй, цасфæнды фæцæр. Æмæ æр- мæст ивгъуыд бонтæ мысгæйæ æрвиты, цы ма йын баззад йæ æмгъуыдæй, уыцы азтæ. Æмæ хатт йæхимæ мæсты кæны - «Знон
цы бахордтон, уый мæ куы айрох вæййы, уæд хæрз чысыл ма куы уыдтæн, уæды царды нывтæ дæр мæ цæстæй куынал цух кæ- нынц - адæмы, сæ хъæлæс, сæ митæ, сæ ныхæстæ дæр сын хъу- сын...». Бафæллайы хъуыдытæй æмæ, йæ къахдзæфтæ нымайгæ, уынгмæ рахизы, йæ цæст ахæссы сыхæгты хæдзæрттыл, ничи сæ зыны. «Куыд бæз-бæз кодта раздæр нæ уынг адæмæй, цас сывæллæттæ дзы радугъ-бадугъ кодтой, сæ хъæлæбайæ бæстæ сæ сæрыл истой. Гъа, лæууын ныр, нæ дæлæмæ цæуæг зыны, нæ - уæлæмæ. Ибонты дæр афтæ фæлæууыдтæн иудзæвгар, стæй дæлæсы- хæй чидæртæ разынд - дыууæ æвзонг ус æмæ сæ разæй чысыл лæппу. Дзургæ рацæуынц, мæ рæзты ахызтысты, салам дæр мын нæ радтой. Нæ мæ базыдтой? Æмæ уый цы давы, саламæн йæ разы цы лæууы? Кæд уыд Ирыстоны афтæ, æмæ дыл цыфæнды æнæзонгæ рамбæла æмæ йын салам ма зæгъай! Фæивта дуг, фæивтой адæм... Леуахийæн ацы фарс раздæр хъæу уыд. Абоны онг дæр ма архайы горæты хуыз райса, фæлæ йын цыдæр нæ уайы. Рухсытæ дæр æм рауагътой, газæй дæр ифтонг сты, донцух дæр нал æй- йафынц, магазинтæ дæр дзы бакодтой- дзулуæйгæнæн зæгъай æви продукттæ. Фæлæ уæддæр хъæугъуыз у. Хæдзæрттæ иу кæ- нæ дыууæуæладзыгон сты, хисæрмагонд арæзт, кæмæн куыд амыдта йæ къух, афтæ. Сæхи сæрмагонд зæххы фадгуытæ сын ис - халсар, дыргъ, картоф кæм æрзайын кæной, уый фаг дæр сын у æмæ ма иуæй-иутæ фос дæр дарынц - хъуг, хуы, карк - сæхи скъæттæ, хуыдæттæ, кæркдæттимæ. Æмæ райсомæй уасынц уасджытæ, бæгъ-бæгъ кæнынц родтæ, рæйынц куыйтæ - хъæу- ты куыд вæййы, афтæ. Æцæг цæрджытæ сæ уынгтæ сыгъдæг дарынц. Æгæрыстæмæй ма тротуарты ’хсæнты сæнæфсир, ди- динтæ дæр ныссагътой æмæ сæ зæрдæ рухс кæны. Цæугæдон Леуахийыл дыууæ хиды ис - горæты центрмæ ацы фарс цæрджытæн ахизæн. Иу дзы зæронд хид хонынц раджы, революцийы агъоммæ арæзт у, ацы хидыл ахизын кодтой æр- тындæс Коммунары меньшевиктæ Згъудеры къуылдыммæ æмæ сæ уым фехстой. Уынг ныр уыдоны ном хæссы - æртындæс Ком- мунары ном. Уынг цыбыр у - милицийы агъуыстæй уæлмæрдмæ схизæны онг, фæлæ йæ истори - даргъ æмæ тугæй фыст.
Горæт рæзти, адæм фылдæр кодтой, транспорт дæр зынгæ фæфылдæр - хицауады организациты машинæтæ æви хисæр- магонд æмæ зæронд хид нал фаг кодта. Ног хид саразыны сæр бахъуыд æмæ йæ зæронд хидæй иу километр уæлдæр сарæзтой уæрæхдæр æмæ фидардæр. Леуахийæн ардыгæй фарс - куыддæр зæронд хидæй æрба- хизай, уыдис культурæ æмæ улæфæн парк - афтæ йæ хуыдтой. Парк абон дæр йæ бынаты ис, «уыди», зæгъгæ, уымæн дзурын, æмæ æппындæр йæхихуызæн нал у... Рæстæгимæ алцы йæ хуыз ивы... Раджы, зæронд Æна ма студент куы уыди, уæд ацы иунæг парк цхинвайлæгтæн се ’гасæй уарзондæр бынат уыд. Алыизæр æнæхъæн горæты цæрджытæ зæрондæй, æвзонгæй, чысылæй, стырæй ардæм тындзыдтой, ам сæ рæстæг æрвыстой хъæлдзæ- гæй, кæрæдзийыл цин кодтой, фынæйы афонмæ сæхи ирхæфс- той. Афтæ хъæрмудæй цардысты Чъребайы иронæй, сомиха- гæй, дзуттагæй, уырыссагæй, гуырдзиагæй, цыма иу стыр би- нонтæ уыдысты. Бæлæсты бын даргъ бандæттыл бадтысты ацæргæтæ æмæ сæ разы сæ чысыл сывæллæтты хъазтытæм мид- былхудгæ кастысты. Донмæ æввахс цад дæр уыд арæзт, чысыл наутыл æвзонг фæсивæд ленк кодтой, сæ зарын, сæ кæл-кæлæй худын хъуыст. Ам ма сабитæн стыр карусель дæр уыд арæзт «хæйрæджы цалх»-æй хуыдтой. Уый та се ’гасæй уарзондæр ирхæфсæн æвзæнгтæн. Уыди дзы чысыл киосктæ - адджын гуылтæ, къаффеттæ, лимонад, бæгæны - алцы, цыдæриддæр дæ хъуыд. Тир дæр дзы уыд - лæппутæ æхсын ахуыр кодтой. Уыдис дзы эстрадæ - сæрдыгон уагътой концерттæ, æндæр горæттæй дæр нæм цыдысты ансамблтæ, кафыдысты, зарыдысты æмæ цыма æнæхъæн горæт цины уылæнты уыд ныгъуылд, дардмæ афтæ хъуыст». Уыцы хорз рæстæджыты абон мысы зæронд Æна æмæ æр- хæндæгæй йæхимид дзуры: «Аивгъуыдта мæ рæстæг, ацыд, йæ тары нымбæхста ивгъуыд рæстæг алцы». Ивы дуг, ивы цард. Иутæ ацæуынц, иннæтæ æрцæуынц. Парк фæстæмæ йæ бынаты бæргæ ис, йæ уавæртæ дæр фæ- хуыздæр сты - стыр спортивон комплекс дæр дзы самадтой алы секцитимæ, футболхъазæн фæз дæр дзы ис. Зæронд Æна хатт бакæсы паркы кулдуарæй - йæ тæккæ цур кæй цæры æмæ бы-
ронкалæн стыр асыччытæ дæр паркы тæккæ фарсмæ кæй сты гвæрд - йæ бырæттæ ныккалы, стæй йæ цæст ахæссы паркыл æмæ... Цы йæ æмбæхса - афтид æм кæсы. Ардæм адæм кæд дзы исты спортивон мадзал уадзынц, уæд цæуынц... Хъуыддаджы фæдыл æрбацæуынц... Раджы та... Цы фесты уыцы адæм? Кæм фесæфтысты уыцы хъарм, ад- джын изæртæ, хъæлдзæг хъæлæстæ, уарзæгой мидбылхудтытæ, сыгъдæг, æнæлаз ахастытæ адæймæгты ’хсæн? Цард æнæфыдбылыз нæ вæййы - кæм зæххæнкъуыст, кæм донивылд, кæм зынгсирвæзт, мæлæт дæр алкæй къæсæрæй ба- дары йæ сау бырынкъ рæстæгæй-рæстæгмæ. Фæлæ лæг лæджы фарсмæ балæууы, æххуысы къух æм бадары æмæ иумæйаг тых- тæй сæ зынтыл фæтых вæййынц æмæ та кæрæдзийы ныфсæй цард адарддæр кæнынц. Цы æрцыд æрдзон æнамонддзинæдтæй фыддæр, цæмæн аф- тæ цæхгæр фæивтой адæм сæ раздæры хорз ахастытæ? Хæст! Алы фыдбылызтæй уæззаудæр æнамонддзинад! Дыууæ адæм кæрæдзимæ марæн кæрдтæ куы сисой сæ къух- мæ, кæрæдзийы туг æгъатырæй куы калой, уæд кæм и Хуыцау? Иу зæххыл кæрæдзи фарсмæ сæ цард хъæрмудæй чи æрвыста фæлтæрæй-фæлтæрмæ, уыдон ныр цæрæнбонтæм туджджынтæ систы. Фехæлд адæмæн сæ цард. Фæцагъды сты, ныппырхытæ сты. Сæ фылдæр ныууагътой сæ уæзгуытæ, сæ фыдæлты уæл- мæрдтæ æмæ дард фæлыгъдысты пырх, сыгъд хъæутæй, горæ- тæй. Æнайæн дæр йæ лæппуты хæст фæхаста дард æмæ йын зындон фестын кодта зæры бонты йæ цард... Раафтид йе стыр хæдзар адæмæй - хистæртæ фæмардысты, кæстæртæ дард фæцыдысты. Алыбон цæлы фынг цы хæдзары уыд тыгъд, уырдæм ма искуыдæй-искуыдмæ хиуæттæй кæнæ зонгæтæй кæд исчи æрбауайы, уæд чысыл фæхъæлдзæг вæййы бынаты хицау Цыма йæ, æцæгæйдæр, рæстылдзог æмæ хæларзæрдæ бинон- ты хаты{эæй стыр Хуыцау йæ базыры бын бакодта - аирвæзти хæдзар. Иæ алыварс хæдзæрттæ иууылдæр ныппырх сты, ба- сыгъдысты знаджы цæхæрæй. Æмæ зæронд Æна сыгъд, пырх къултæм кæсгæйæ, хъуыдыты адзæгъæл вæййы: «Ис Хуыцау ис. Ацы хæдзæрттæ гуырдзиæгты куы сты, сæхи нæмыгæй сын
ре басыгъта: хатт сын тæригъæд дæр фæкæнын сæ æнæзонд, ^æнæрхъуыды æмæ сау зæрдæты тыххæй. Æз сын куы ныббарон, уæддæр уымæй мæ зæрдæйы рыст фæкъаддæр уыдзæн? Ахæм рыст нæ гас кæны. Ныббарай, ма ныббарай, цы æрцыд, уымæн рарастгæнæн нал ссардзынæ. Цæры афтæ катæйттимæ зæронд Æна. Цæры æмæ æнхъæл- мæ кæсы йæ хъæбултæм, йæ хъæбулы хъæбултæм - цхинвайлаг лæппутæм! «Уæд уын цард æмæ бон феста уæ Æна, кæд ма сымахæй цхинвайлаг лæгтæ нæ рацæуа! Куынæуал уе ’взаг зонат, куынæуал Ирон æгъдау Ирон фæтк, уæд ма сымахæй цæй ирон лæгтæ рацæудзæн? Фæлæ, чи зоны, афтæ дæр нæу хъуыддаг, æз æй куыд карз кæнын? Æрцæут, хъæбултæ, æрцæут æмæ куыд- дæр уæ райгуырæн зæххыл уæ къах æрæвæрат, Иры хæхтæй радымгæ уæлдæф нынныхъуырат, афтæ уæ туджы змæлд, уæ уды сконд йæхион акæндзæн. Уæ райгуырæн къуымы алы къу- тæр, алы кæрдæджы хал уæм иронау сдзурдзæн, ирон парахат зæрдæйы уагæй уæ айсдзæн æмæ уæ ныхъхъæбыс кæндзæн. Мæнæ æз куыд батæ кæнын уæ чысылæй ист нывтæн, уæ чысыл дзаумæттæн, уæ хъазæнтæн, мæ риумæ сæ куыд нылхъивын, афтæ узæлгæ уыл сæмбæлдзæн алчи æмæ алцы ам». Афтæ фæвæййы бон бæллицтимæ, мысинæгтимæ. Уыдон та - цхинвайлаг лæппутæ - ам, сæ уæзæгыл нырма къахæй цæ- уын дæр куынæ зыдтой, уым дард, уазал бæстæйы, æцæгæлон адæмы ’хсæн сырæзтысты, скъола дæр фесты каст, академи дæр, слæгтæ сты сæ рихитимæ æмæ "фæцæуæм, бабушкæ, фæцæуæм» кæнынц, зæронд Æнайæн ныфсытæ æрвитынц фыстæджы- тæй. Ныфс хорз у, адæймагæн цыдæр тых дæтты, фæлæ кæдмæ цæрдзæн зæронд, æдых Æна ныфсытæй? Йæ фæсхъус чи лæууы æмæ йе ’мдзу чи кæны, уый ма йæ цас бауадздзæн? Нæй! Фæразон у зæронд Æна, быхсаг. Æмæ кæд алыхатт йæ- хиуыл тых кодта, уæд ныр дæр хъуамæ фидар фæлæууа, фидар... Иу уысмы цард дæр мæлæтимæ тохы аргъ у. Уырдыджы цæугæйæ та арæхстгай хъæуы къæхтæ размæ исын. 12.12.2016
Ме ’мкъай Тедеты Гиви æмæмæ чызг Меги чысылæй Мæ хотæ Мзия Луизæ
Мæ чызджытæ Нана Меги Манана Мæ чызг Мананайы фырттæ Георги Даду
Е о а: сз I х§ I сзч с^ сз а: Е о 4
СЗ Е сз «3 о. а сз сз а: о сз
(РЕШ%№0<РЫ фЛСЯЫХЛС «Цхуырбаты Мерийы сфæлдыстадыл афæлгæсын æмбæлы нæ литературон критикæйы». Нафи Алы фыссæджыуацмыстимæ дæр чиныгкæсæг базонгæ вæййы пери- одикон мыхуыры - журнал «Фидиуæг» æмæ газет «Хурзæрин»-ы фæрс- тыл. Автор ацы æмбырдгондмæ цы уацмыстæ бахаста, уыдон дæр литературæйы хæзнадонмæ сæ фæндагууылты ракодтой. Фæлæ та сæ ныр ногæй, редакторы цæстæй куы бакастæн,уæд мæм диссаг фæкаст иухабар: Цхуырбаты Мерийыуацмысты цал хатты бакæсай,уал хатты та йе сфæлдыстадон стыр курдиаты сусæгдзинæдтæм хъуамæ исты бафта. Æмæмæм хардзау кæсы, цæмæннæ дæн профессионалон критик, цæмæй ирон литературæмæ Цхуырбиан цы уæзгæ хуынтæ бахаста, уыдонæн цæстуарзонæй аккаг аргъ скæнон. Уый та æнæмæнг хъæуы. Фæлæ мæ зæрдæ лæууы иу хъуыддагыл: æз дæн хорз чиныгкæсæг æмæ, мæнмæ гæсгæ, алы автор дæр йæуацмыстæ фыссы йæ чиныгкæсæгæн. Йæ чиныгкæсæджы зæрдæмæ фæндаг цы автор ссары, уый та вæййы амондджын. Ахæм амондджын автортæм хауы Цхуырбаты Мери дæр, уымæн æмæ йæ курдиату тæхудиаг. Никуы никæмæ батæхуды кодтон уыцы хъуыддаджы Мерийæ дарддæр. Иу зæрдæйæн цас йæ бон у уынын, быхсын, уарзын, æмбарын, маст кæнын, цин кæнын!.. Нæ йæ бамбар- дзынæ, Цхуырбаты Мерийæн æнæхъæн дуне йæ зæрдæйы куыд бацыд, йæ цæстыты куыд баззад? Фыссæг, дам, дыууæ сæдæ хъусæй хъусы æмæ дыууæ сæдæ цæстæйуыны... Мерийæн мæнмæ гæсгæ, дыууæ минæй ахыз- тысты. Иу курдиатджын адæймагæн цас йæ бону! Уый таууыл басту, æмæ йæ уацмысты бæрзонд æмвæзадыл пайда кæны аивадон фæрæзтæй: зыны сæ дуджы æнкъарынад, хъайтарты ар- хайд, сæ психологи, мидмонолог, сæ æмахастытæ, сæ цард, сæмæлæт, сæ адæймагдзинад... Иууыл диссагæн дзуринаг та йæ уацмысты æвзагу. Уый гуырдзыйы æхсæн схъомыл, уæлдæр ахуыр дæр гуырдзиаг æвзагыл фæци, ирон
æвзаг та йæхæдæг сахуыр кодта,уый æппындæр никæй бауырндзæн. Йæ уацмыстæ ахæм лæгъз æмæ хъæздыг ирон литературон æвзагыл фыст сты, æмæ йæ хъайтартæй цæргæ нæ, мæлгæ чи акодта, уыдонмæ дæр чиныгкæсæг батæхуды кæндзæн. Цыма йæхæдæг мæрдтæй æрыздæхт, уыйау дырысæй æнкъары æмæ ныв кæны удисæг адæймаджы уавæр, иууыл диссагæн дзуринаг та йæ радзырдтæй иуы архайæг камбецы мæлæту... Мæнмæ гæсгæ, Нафийы загъдау, Цхуырбаты Мерийы сфæлдыстадæн хъæуы профессионалон аргъ скæнын, ахæм курдиатджын фыссæгæн йе стыр литературон бынтæ рохуаты ма хъуамæ баззайой. Уымæн, æмæ Цхуырбианы хуызæн хуындзæуттæ ирон литературæйы хæзнадоны бирæ нæй. НанитыАсиат, Журнал «Фидиуæджы» прозæйы хайады редактор.
СÆРГÆНДТÆ: Чиныг «Цалынмæ удæгас дæ» Æцæг «цардæй ист» дзуринаг 3 Ныстуан 7 Мæхо Луизæйæн 8 Радзырдтæ Хуры цæссыгтæ 11 Хæсты рæстæджы боныгæй 15 Æврæгътимæ аивгъуыйгæ амонд 16 Хæсты рæстæджы боныгæй 19 Мады туг 20 Хæсты рæстæджы боныгæй 27 Афтид ингæн 28 Бафыстхæстон боныгæй 30 Уыцы сæрдыгон даргъ æхсæв 31 Хæсты рæстæджы боныгæй 34 Малусæг 36 Хæсты рæстæджы боныгæй 38 Мæлæт дæр йæхицæн хуыздæрты æвзары 39 Хæсты рæстæджы боныгæй 40 Фенынмæ 43 Хæсты рæстæджы боныгæй 46 Хърихъуппытæ 49 Цы куырдта хуыцауæй саби 51 Цыппараздзыд хæстон 53 Дзул 54 Уысмы аргъ 56 Урс сæрбæттæн 59 Цалынмæудæгасдæ 62 Мæлæт алыхуызон у 65 Иласы фыццаг ус 70 Куыройгæс Тога 75
Сылгоймаджы хъысмæт 80 Батъонкъа-Оси 95 Хъусцæджытæ 104 Фырзыд- фыдрын 115 Æрыздæхæн 121 Сохъхъуыр 130 Рухсы цæджындз 136 Хæлардзинады уидæгтæ 138 Кæмæн цы? 140 Романтæ Разныхас 145 Æнæамæлгæ уидаг 146 Царды хъулæттæ 315 Публицистон уацтæ Дзугер - мæ хистæр хæлар 473 Дзырдаивад æмæ адæмы уарзгæйæ 478 «Мæнæн мæ поэзи мæ дин у...» 483 Хъайтарты райгуырæн къæсы 487 Йæ бæстæ, йæ адæм уарзгæйæ 492 Тынг хорз лæппу 497 Зыну мæлын 502 Ирыстон - йæудлæууæн 512 Йæ цард æгасæй дæр уыд музыкæ 518 Падо 537 Ды ам дæ 544 Æрдзон курдиат 549 Фидар æмæ рæсугъд удыхъæд 558 Æргом фыстæг ме ’мсисмæ 564 Кæд-иудын нал æрыздæхон 570 Царды уырдыджы 578 Редакторы фæсныхас 588
Цховребова Мери Багратовна ПРОИЗВЕДЕНИЯ Книга издана по решению Издательской комиссии Государственного комитета информации и печати Республики Южная Осетия Редактор А. И. Наниева Худож. редактор А. Н. Джиоева Корректор В. С. Кудзиева Компьют. верстка Э. Г. Пухаева Подписано в печать 22.02.2019. Формат 60x841/16. Бумага офсетная. Печать офсетная. Усл. - печ. л. 34,41. Уч. - изд. л. 26,6. Тираж 300 экз. Заказ № 76. Дом печати РЮО, 100001, г. Цхинвал, ул. Московская, 7. Полиграфическое производственное объединение РЮО. 100001, Республика Южная Осетия, г. Цхинвал, ул. Московская, 5.