Author: Водневский Н.А.  

Tags: повесть  

Year: 1994

Text
                    Николай Водневский
ФÆНДЫ МÆ ЗОНЫН


Н. ВОДНЕВСКИЙ ФÆНДЫМÆЗОНЫН Перевод на осетинский язык Елены Рамоновой © 1994 Рауагьдад „Рухс Скæсæны", Корнталь
ЦАЛДÆР НЫХАСЫ АЦЫ ЧИНЫДЖЫ ТЫХХÆЙ Чиныджы æмбырдгонд æрцыдысты мæ „Беседæтæ", кæс- джыты сæйрагдæр фæрстытæ æмæ дзуаппытæ, цалдæр азы уырыссаг газетты кæй фæмыхуыр кодтон, уыдон. Газетты мын парахат бынат кæй нæ уыд, уый аххосæй мæ дзуаппытæ сты хæрз цыбыр, æлхъывд хуыдытæй фыст. Уымæ гæсгæ чиныг æххæстæй зæрдæзæгъгæ не ’вдисы биноныг дзуап- пытæ æппæт фæрстытæн. Стæй уæвгæ дæр иу дзуаппы мидæг йæ бындзары онг рабæлвырдгæнæн никæцы фарстæн ис. Дзуапп дæтгæйæ, архайдтон теорийæ уый бæрц нæ, фæлæ чырыстон динæн царды мидæг йæ ахадындзинад бæлвырддæр равдисыныл. Æмæ мæ дзуаппытæ Хуыцаумæ раздахынæн, чырыстон суæвынæн цас дзыллæтæн феххуыс сты, уый та æвди- сынц чиныгкæсджыты æнæнымæц бирæ писмотæ. Абоны зындзарды уавæрты ацы чиныг рухс кæй федта, уый дæр йæхæдæг дзурæг у Хуыцауы æвидигæ фарныл. Уымæ гæсгæ чиныгуадзджытæ æппындæр дызæрдыг нæ кæнынц, биноныг хъуыдыгæнæг, зæрдиагон чиныгкæсæгæн ацы чысыл чиныг цар- ды Æцæгад бамбарынæн кæй феххуыс уыдзæн, ныфсы хос ын кæй фæуыдзæн æмæ йын йе уæнг Хуыцауыл баууæндынмæ кæй барог кæндзæн, ууыл. Дунейы фарнæй хайджын ут æмæ уын ацы чиныджы фыс- тытæй фылдæр ахъаз Хуыцау бакæнæд. Николай Водневский 3
I УЫРНЫНДЗИНАДЫ ПРОБЛЕМÆТÆ ЗЫН БАУУÆНДÆН ХАБАР „Цасыл нæ сæмбæлдтæн, цас нæ федтон кувæг адæмæй, иуы дæр дзы нæ раиртæстон наукæйы æмæ философийы исты æмбаргæ. Æмæ сыл, ома, мæ зæрдæ нæ худы. Æнцондæр сын у Библийы цæттæ фыстытыл баууæндын, сæхи мæгъзтæ скусын кæныны бæсты. Мæнæн тауый зыну..." Зынаргъ Хæлар! Дæ хъуыддаг нæ фæрæстмæ, уый бæлвырд у. Æз бирæ ахуыргæндты зонын, Хуыцауыл зæрдæбынæй чи æу- уæнды, стæй Библийы цыдæридцæр фыст ис кæрæй-кæронмæ, уыдон кæй уырнынц, ахæмтæ. Æцæг ахуырад адæймаджы нæ хицæн кæны Хуыцауæй, фæлæ йæ кæны Хуыцаумæ æввахсдæр. Номдзыд математик æмæ физик Ампер иу æрыгон ахуыргонд- мæ афтæ фыста: „Дæхи хъахъхъæ иудадзыг наукæйы куыст кæнынæй. Ахуыр кæн æмæ архай зæххон дуне иртасыныл, фæлæ дæм зынгæ чи кæны, уыцы дунемæ кæс дæ иу цæстæй, де’ннæ цæст та дар æнæсцухæй æнусон дунемæ; иу къухæй кæн æрдз иртасыны куыст, иннæ къухæй та хæц Хуыцауы пæлæзы фæччийыл". Кеплер йæ номдзыд фæллой „Астрономийы" кæронбæттæн ныффыста Хуыцаумæ кувæн ныхæстæ. Чарльз Дарвины ахуырадæй æнæхуыцæуттæ куыд дызгъуым- мæ пайда кæнынц, уый хъусут, афтæмæй йæхæдæг та йæ писмо- ты афтæ фыста: „Æз никуы уыдтæн æнæхуыцау. Фыццаг кълет- кæйы цард æнæмæнг бафу кодтаид не Сфæлдисæг". Зындгонд куыд у, афтæмæй математик æмæ философ уæв- гæйæ Исаак Ньютоны дзыхæй никуы схауд Хуыцауы ном, йæ пæлæхсар шляпæ йæ сæрæй бæрзонд нæ сисгæйæ. Уыцы стыр ахуыргонды фæллæйтты ис бирæ фæрнæйдзаг ныхæстæ Биб- лийы тыххæй. Платон, Аристотель, Лейбниц, Кант, Гегель, Пас- 5
каль, Галилей, Луи Пастер, Пирогов, академик Павлов, Бехте- рев, Ипатьев, Вернадский æмæ æгас дунейыл хъуыстгонд бирæ æндæр ахуыргæндтæ уыдысты Хуыцаумæ кувæг адæм. Дæ писмо кæсгæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыд иу хабар, Советон Цæдисы дины ныхмæ кампани куы рапарахат, уыцы рæстæгæй. Иу диспуты раныхас кодта Хуыцаумæ кувæг стыр ахуыргонд. Æмæ афтæ куы загъта, æвæдза, Хуыцау нæ уæвгæйæ, уæд ничи ницы рафæлдыстаид, зæгъгæ, уæд дын æмбырды уæвæг фæс- комцæдисонтæй иу афтæ куы фæкæнид: „Эх, темнота! Пойдём, Колька, отседова..." Ома, цы талынг зондыл хæст у ацы лæг! Цом ардыгæй, Коля. ДЗУЛÆЙ СФÆЛМÆЦÆН ИС? „Стыр диссагмæм шсы, куыннæ фæлмæцысуыцы иу темæйыл фыссынæй. Суанг ма Хуыцауыл æууæндæг адæм дæр фæллайынц иудадзыг Чырыстийы койæ. Уæд цал æмæ цал хатты дзурæн ис уый тыххæй? Уæлдайдæр та махæй алчидæр цæуы йæхи аргъу- анмæ. Ацыиу темæйыл ныхасæй æз ныридæгæн сфæлмæцыдтæн. ДЗУЛÆЙ бафæллайæн ис, нæ царды дæргъы бон æртæ хатты кæй хæрæм, уымæй? Евангели амонæджы иухатт бафарстой: „Кæд аивдзынæ дæ темæ?" Уый загъта: „Нæ цард куы аива, уæд". „НОГ ЦАРД" - афтæ хуындысты Евангелийæ йæ Беседæтæ, И.В. Непрашæн. Уыдон бирæ азты фæмыхуыр кодта „Новая Заря". Дины зындгонд стыр кусæг И.В. Непраш адæмы хуыдта ног цардмæ, йæ артдзæст Чырысти кæмæн у, уырдæм. Æмæ йæ фæндмæ чи байхъуыста, ахæмтæ та уæвгæ дзæвгар разынди, уыдон абон дæр амондджын сты, фæрнæй цæрынц. Раст ахæм нысан ис мæ Беседæтæн дæр. Цæуылнæ иуварс хизын мæ темæйæ? Уымæн æмæ уый у æппæты сæйрагдæр, æппæты ахсджиагдæр, æппæты æхсызгондæр, æрвылбон махæй алкæйы дæр къæбæр куыд æхсызгон хъæуы, афтæ. Уымæ сидтысты Чырыстийы ахуыргæнинæгтæ, уымæ сиды Евангели. „Чырыс- тийы тыххæй" зонын æмæ Чырыстийæн Йæхи, куыд дæ Ирвæ- 6
зынгæнæджы зоньш, уый мæнæ ахæм хабарæй уæлдай нæу: элек- трон тых зоныс æмæ йæ дæхи хæдзары дæр уыныс. Хъау- джыдзинад та сæ куыннæ ис. Дæ бон у инженер-электрик уæвын, дæ хæдзары та сойын цырагъимæ бад, кæнæ бынтон талынджы. Библи фидарæй зæгъы, Хуыцауы кæй фæнды адæймаджы уды фервæзын кæнын. Фæлæ йæ Хуыцау ирвæзын кæны адæй- магæн йæхи уды хъарутимæ иумæ. Адæймаг хъуамæ „хъуса", „æууæнда", „æрцæуа" Хуыцауы Фыст куыд амоны, афтæ. Уыцы фæндаг амоны ацы чиныг дæр. „Æнæ мæхи мæ Хуыцау нæ фервæзын кæндзæн", - дзырдта Августин. Чырыстийыл æууæн- дын, уый æгъгъæд нæу. Бамбарын хъæуы Уымæн Йæ уарзон- дзинад царды мидæг. Чырысти махмæ уымæ æнхъæлмæ кæсы, цæмæй Йыл æууæндæм куырмæджы нæ, фæлæ царды мидæг нæ зонд куыд амоны, нæ цæсгом куыд хъæцы, афтæ. Чырыстийы зонын хорз у, фæлæ Йæ хъæуы бамбарын дæр, канд ныхæсты фæрцы нæ, фæлæ ма банкъарын дæр. Чырыстийыл æз баууæндыдтæн канд теорийы руаджы нæ, фæлæ фактты, царды, царды æцæгдзинады фæрцы дæр. Фактты ныхмæ та, куыд фæзæгъынц, æрæвæрæн ницы ис. Уымæн æмæ алкæмæ дæр зынынц æргом. Дæ цæсгом дæ армы тъæпæнтæй нæ бамбæрздзынæ. Чырыстийы фæдыл цы 12 азы цæуын, уыцы рæстæджы дæргъы сæмбæлдтæн дæсгай нæ, фæлæ сæдæгай тæригъæдджын лæгтыл, тæригъæдæй фервæзыныл йæ зæрдæ чи нæ уал дардта, мæнæн мæхи хуызæн, ахæмтыл. Уыдон нæ уар- зынц Евангели, фæлмæцгæ дзы кодтой æмæ дзы дардмæ лыгъдысты, сæхи дзы хызтой.. Фæлæ сыл Чырысти фæуæлахиз Йæ уарзондзинадæй, сæ зæр- дæ сын барухс кодта. Æз бирæты зонын раздæры расыг къупри- тæй, давджытæй, фыдгæнджытæй, Хуыцауы ныхмæ тохгæн- джытæй, Евангели кæй æрнывыл кодта, ног цардмæ сæ зæрдæ кæмæн барайьш кодта æмæ, мæрдтæй рацæуæгау, рухсмæ кæй сарæзта, уæларвон сыгъдæг дзæнæтмæ кæй æргом раздæхта, ахæмты. Фæнды уæ семæ базонгæ уæвын? Æрцæут Мæм: уыдо- нæй иу дæн æз мæхæдæг. Цæмæн æууæндын æз Савлы фæсмо- ныл? Уымæн, æмæ мæхæдæг мæхи удыл бавзæрстон фæсмон. Æмæ кæд æз апостол нæ дæн, уæддæр Савлимæ мæ бон у зæгъын: 7
„Раст у, стæй зын ссарæн у уый аккаг дзырд, Йесо Чырысти зæххон дунемæ тæригъæджджынты фервæзын кæнынмæ кæй æрцыд, кæцытæй æз дæн фыццаг" (1 Тим. 1:15) уый бамбары- нæн. Уæдæ куыннæ у уый, æппынæдзух дæр кæуыл фыссой, ахæм хабар? Æрмæст уый фæрцы цæры чырыстон дин. Æвæдза, Чырысти нæ ирвæзын кæны абоны тæригъæд- джынты, уæд чырыстон дин раджы бацахстаид йæ бынат исто- рийы. Ды фыссыс, „алчи йæхи аргъуаны æвджид баззад". Уый тынг хорз у. Фæлæ цымæ алчи Чырыстийы хъæбул у? Бирæ аргъуанты мидæг ног царды æууæлтæй ницы зыны, тæригъæд- джынтæ дзы фæсмон нæ кæнынц сæ æнаккаг митыл, дингæн- джытæ дзы сæ царды уаг уæлдайхуызон нæ ивынц, аргъуыды уаг æмæ æгъдæуттæ раиуварс кодтой Чырыстийы. Баззади ма чырыстон динæн æрмæст йæ хъузг, йæ агъуд афтидæй, йæ апп фæцыдæр. Ахæм аргъуан мæн никуы бауырнын кæнид Хуы- цауыл. Фæлæ æз раздæры советон афицерты куы федтон сæ цæссыг калгæйæ ард хæргæ: „Иунæг кадджын Хуыцау, тæри- гъæдджын дæн æмæ мын ныххатыр кæ, ныббар мын мæ тæригъæд митæ..." - уæд загътон: „Æгас у, адæмы Ирвæзын- гæнæг Хуыцау!". Бавзæрстон мæ царды ахæм цау æз дæр. Никуы бафæллайдзынæн ацы темæйæ, зæххыл суанг сæдæ азы куы фæцæрон, уæддæр. АФТÆ РÆДИЙЫНЦ АДÆМ „...Кæд афтæ фыст у, Хуыцау къухæй сконд аргъуанты нæ цæры, уæд цæмæн хъæуы зæххон аргъуантæм цæуын? Гъе, уый хын- цгæйæ, æз не ’ууæндын аргъуантыл æмæ сæм цæугæ дæр нæ кæнын". Раст у, Хуыцауы чиныджы ис ахæм ныхæстæ: „Хуыцау къу- хæй сконд аргъуанты нæ цæры" (Деян. 1:24). Уыцы ныхæстæ загъта Чырыстийы ахуыргæнинæгтæй иу Павел, Афинты æрæ- мысгæ мæнг хуыцæуттæн бирæ аргъуантæ кæм уыд, уыцы бæстæйы. Павел уым ноджы загъта афтæ дæр, зæгъгæ, æцæг Хуыцау бацахста уæларв æмæ зæхх иууылдæр, стæй махæй 8
алкæмæ дæр у æввахс", цыбыр дзырдæй цæры кæмдæриддæр. Соломон Иерусалимы аргъуан куы сарæзта, уæд, зæгъгæ: „Ау, куыд хъуамæ цæра Хуыцау зæххыл! Арв æмæ æппæт уæлæрвты уæларв Дæ фаг куынæ сты, уæд ма куыд суыдзæн дæ фаг ацы аргъуан?! (Цæр. 9:27). Фæлæ йын Хуыцау Йæхæдæг бафæдзæх- ста аргъуан саразын æмæ йын зæрдæ бавæрдта уым уæвыны тыххæй (3 Цæр. 9:3). Хуыцауы пъланы нысангонд у, цæмæй кувæг адæм æмбырд кæной иумæ, Хуыцауы кадæн, цæуой аргъуанмæ æмæ сын уым арфæ кæндзæн. Ноджы ма Павел фыста афтæ дæр: „Нæ ныууадз- дзыстæм æмбырд кæныны æгъдау..." (Евр. 10:25). Хуыцау æппæт дунейы кæй ис, уымæ гæсгæ стырзæрдæ ма кæнут Чырыстийы аргъуаныл, уымæн æмæ аргъуан у æгас адæмы, кæцытæ æууæн- дынц Чырыстийыл. Кæддæр иу сылгоймаджы бахуыдтой Вашингтоны аргъу- анмæ, президент Эйзенхауэр уæнгыл нымад кæм у, уырдæм. Сыл- гоймаг бафарста: „Æмæ президент йæхæдæг абон ам нæ уыдзæн?" Æмæ йын радтой ахæм дзуап: „Нæ зонæм, президент аргъуанмæ æрбацæудзæн, æви нæ, фæлæ Хуыцау зæрдæ бавæрдта ам немæ сæмбæлынæй". Хуыцау та Йæ ныхасæн кæддæриддæр вæййы хицау. Цæугæут Чырыстийы удæгас аргъуанмæ, Евангели æмба- рын кæныны хъуыддаг сæйраг бынат кæм ахсы, уырдæм. ХЪУЫДДÆГТÆ ÆМÆ УЫРНЫНДЗИНАД „...Уæдæ нæ æцæгдзинадæй цы ирвæзын кæны: хъуыддæгтæ, æви уырнындзинад?" Бакæсæм ма уæдæ Хуыцауы Фыстæг: „Сымах Хуыцауы ар- фæйæ ирвæзт стут уæ уырнындзинады фæрцы, фæлæ уæ уый тыххæй йæхицæй бузныг мачи уæд, Хуыцауы лæвар у уый; уæ хъуыдцæгты фæрцы нæу, цæмæй мачи æппæла йæхицæй" (Еф. 2:8,9). „Æнæ уырнындзинадæй та Хуыцауы зæрдæ балхæнæн нæй (Евр. 11:6). Стæй ма ноджы: „Уый мах ирвæзын кæны, нæ хорз хъуыддæгты тыххæй нæ, фæлæ Йæ зæрдæйы фæлмасæй" (Тит. 3:5). 9
Уырнындзинады фæрцы сраст уæвгæйæ, махæн ис фарн Хуы- цауимæ" (Рим. 5:1). Чырысти та уыцы хъуыды загъта ноджы хуымæтæгдæр хуызы: „Мæныл чи æууæнды, уымæн ис æнусон цард" (Ин. 6:47), Чи дзы цы не ’мбары ам? Уæдæ йæ исты мадзалæй ис æндæр хуызы бамбарæн? Мах ирвæзын кæнынц нæхи хъуыд- дæгтæ нæ, фæлæ Чырысти Йæхæдæг. Æмæ Йæ уымæн схуыдтой Ирвæзынгæнæг дæр. Мах Уый ирвæзын кæны нæхи удты уырнын- дзинады фæрцы. Стæй иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта Чырысти: „Дæ уырнындзинад дæ фервæзын кодта". Исчи зæгъдзæн: æмæ уæд Корнилий та? 0, æцæгдзинадæй уый кодта хæлары хъуыдцæгтæ. Раст у, фæлæ хорз хъуыддæгтæ нæ фервæзын кодтой Ко^нилийы. Хуыцауы бахъуыд Корнилимæ Петры арвитын афтæ йын зæ- гъынмæ: „Цавæрфæнды уырнæгæн дæр йæ тæригъæдтæ хатыр æрцæудзысты Чырыстийы номæй" (Ап.хъ. 10:43). Цы хъуыддæгтæ кæнæм, уыдонæй адæймаг куы ирвæзид, уæд ма Чырыстийы цæмæн бахъуыдаид дзуарыл байтындзын? Уæд фæлтау загътаид: „Уæхи ирвæзын кæнут уæ хорз хъуыддæгтæй!" Чырыстийы Евангели та мæнæ куыд амоны: „Æууæнд дæ Хицау Йесо Чырыстийыл æмæ фервæздзынæ" (Ап.хъ. 16:31). Фæлæ уыцы æцæгдзинад бамбаргæйæ, уæддæр царды иу ахæм „къæндзы" ис, Хуыцау адæмы ирвæзын кæны сæ хъуыддæгты руаджы нæ, фæлæ хорз хъуыддæгтæ аразыны тыххæй. Стæй алыхуызон уырнындзинад ирвæзын нæ кæны. „Хæйрæджытæн дæр ис сæхи дин, сæхи уырнындзинад", - загъта Чырыстийы ахуыргæнинаг Иаков. „Адæймаджы ирвæзын кæны æрмæстдæр ахæм уырнындзинад, уарзондзинадæй чи архайы æмæ афтæмæй чи цæуы æвдыст адæймаджы хъуыддæгты, йæ царды. Гъе, æрмæстдæр ахæм уырнындзинад ирвæзын кæны. Зын бауырнæн у, зæгьæм, ахæм хабар: фыдыздыхт хъуыддæгтæ чи аразы, уыцы адæймаг никуы уыдзæн рæстырдæм уырнæг. Стæй уырнинаг нæу мæнæ ахæм хъуыдтаг дæр: адæймаг ирвæзы йæ хорз хъуыд- дæгты руаджы, Чырыстимæ йе ’ргом не здахгæйæ. Фыдгæнæг дзуарыл тыгъдæй баууæндыд æмæ фервæзт. Афтæ йын загъта Чырысти. Фыдгæнæгæн амал нал уыди хорз хъуыд- дæгтæ кæнын, аргъуыд райсын, æмæ æндæр ахæмтæ. Бынтон æндæр у мах, уырнджыты, зæххон адæмы хъуыддаг. Евангели 10
мах хоны хорз хъуыдцæгтæм. Сæ дыргътæм гæсгæ сæ базондзы- стут (Мф. 7:16). „Уæ рухсæй ныррухс уæд адæмы развæндаг, уæ хорз хъуыддæгтæ уын куыд феной, афтæ". (Мф. 5:16). Нæ дины мидæг адæмы уырны, цы дзурæм, уый нæ, фæлæ цы хъуыддæгтæ аразæм, уыдон. Æмæ апостол Иаков дæр уымæн фыссы: „Хъуыдцаг уый мидæг ис, æмæ адæймаг йæхи раст кæны (ирвæзын нæ, фæлæ раст кæны) æрмæст уырнындзинадæй нæ, фæлæ хъуыддæгтæй" (Иак. 1:18, 24). Уымæн æмæ буар æнæ удæй мард куыд у, афтæ уыпнындзинад дæр мард у æнæ хъуыд- дæгтæй". Уый у æнæпайда уырнындзинад. Хуыцауы раз ис æрмæстдæр иунæг фæндаг ирвæзынæн: Чырыстийыл æууæндын, куыд хи Ирвæзынгæнæгыл æмæ Йæ разы æрфæсмон кæнын, цы тæригъæдтæ ракодтай, уыдоныл. Уæвгæ та нæ тæккæ хуыздæр хъуыддæгтæ Хуыцауы цæсты раз сты „чъизи дарæсау". Фыццаг уал баууæнд Йесо дзуарыл тыгъ- дæй цы снысан кодта аирвæзынæн, уый, стæй йæ хъуыддæгтæй равдис. Фæлæ бирæтæ кæнынц иннæрдæм: раздæр сæ хъуыд- дæгтæ бакæнынц сæхи фæндиаг, искуы кæддæр уыдоны руаджы фервæздзыстæм, зæгъæ, ууыл сæ зæрдæ даргæйæ. Царды мидæг та афтæ нæ уайы. Сабийы скъоламæ раздæр бацæуын хъæуы, стæй уый фæстæ æххæст кæндзæн ахуыры программæ. Адæй- маджы фæнды ирвæзт уæвын, Хуыцау та зæгъы: „ирвæзын- дзинад - лæвар у" (Рим. 6:28). Цы у дæ бон бакæнын ахæм хæрзиуæг, ахæм лæвар райсыны тыххæй? Лæвары тыххæй раздæр фидын куы хъæуа, уæд уый лæвар нæу. Лæвар фидгæ нæу, кæмæн лæвæрд цæуы, уымæн. Афтæ у Хуыцауы лæвар, ома, ирвæзындзинад. Цас бафыста йæ ныййарæг фыдæн, чи адзæгъæл, уыцы фырт, цæмæй йын йæ рæдыд ныххатыр кæна æмæ йæ фæстæмæ йæ хæдзармæ бауадза, уый тыххæй? Æппындæр ницы. Уæвгæ дæр æм ницы уыд. Уый уыд мæгуыр, бахордта, хæдзарæй кæй ахаста, уыцы æхцатæ. Гъе, ахæм мæгуыргурæй æрцыдтæн æз дæр Чырыстимæ 1948 азы августы. Евангелийы æхсызгон хабар дæр гъе уый мидæг ис, æмæ „Хуыцау адæймаджы ирвæзын кæны, йæ хорз хъуыддæгты тыххæй нæ, фæлæ Йæ уарзондзинадæй. Тæригъæдцжын кæуыл фæфæсмон кæны, уыцы хъуыддæгтæ Хуыцау басхойы „денджы- 11
зы гуылфæнты". Афтæ аив ныхæстæй æмбарын кæны хабар Хуы- цауы Фыстæг. Исчи зæгъдзæн: æмæ „доны бын ленкгæнджытæ" та ма цæмæн хъæуынц? Æмæ раст у, доны бын „ленкгæнджытæй" нæ алыварс тынг бирæ ис, бирæ азты размæ кæддæр цы тæригъæд митæ бакодтай, уыдон дын ныр дæ цæстмæ чи бадара, ахæмтæ. Фæлæ Хуыцау уыдоны ницæмæ дары. Уырнындзинад хъæуы Хуыцауы тыххæй æнусон цардæн. Хъуыддæгтæ та хъæуынц адæмы, цæмæй æууæндой кувæг адæмыл. РАЗЫ НÆ ДÆН „Разы нæ дæн, 129-æм Беседæйы кæй фыссыс, уыцы хъуыдытыл, ома, иуæй-иу чырыстæтты агурын хъæуы, кæддæр сæ къухы чи уыди, æмæ сæ ныр чи фесæфт, уыдæттæ. Мæнмæ гæсгæ та, Хуы- цауы йæ зæрдæмæ арф чи айста, уый Йæ нал фесафдзæн, нал дзы фæцух уыдзæн". Цы фарстайы кой скодтат, уый иу Беседæйы зынтæй бацæу- дзæн. Цы номæй нæ хонынц, хъуыддаг æппындæр уый мидæг нæй, фæлæ куыд цæрæм æмæ цы архайæг стæм, сæйрагдæр уый у. Хуыцауы æмæ хæстæг-хионты уарзын, тæригъæд хъуыддаг, дæлимонæй не ’сæфт уынын, - гъе уыдон сты, йæ тæригъæдтæй чи ссыгъдæг, ахæм адæймæгты бæрæгдæр миниуджытæ. Уый дзы куы нæ уа, уæд сымах кæй амонут, уыцы æппæт иннæ миниуджытæ - ома, донæй аргъуыд, жароба саходын æмæ æндæр ахæмтæ ницы сты, æдте сауындзгæ амонæнтæй уæлдай. Хæсты фæстæ æз цардтæн Мюнхены. Æмæ-иу, уынджы фæцæйцæугæйæ, лæг федта амонæн (вывескæ): „Дзулфыцæн". Мидæмæ бакæс, æмæ дзы хойрагæн йæ кой дæр нæй: брæттæ, чъизитæ, рыгтæ, æндæр ницы. Хæлд, пырх хæдзар. Раст афтæ вæййы царды мидæг, йæ тæригъæдтыл чи нæ фæсмон кæны, уыцы чырыстæттæм дæр. Аргъуаны зароба пысылмæттæ дæр райсдзысты. Фæлæ уый æппындæр ницæуыл дзурæг у. Сымах фыссут: Зароба - чырыстæтты хæринаг у. Йæ ныхмæ 12
ницы зæгъæн ис, кæд æмæ уыцы заробайы Чырыстийы уынут; кæд дæм дзы Чырыстийы цард æмæ хъуыддæгтæ зынынц, уæ тæригъæдты тыххæй Йæхи мæлæтмæ куыд радта, уый, уæд. Уыдæтты тыххæй та бæлвырд хабæрттæ кæсæм Евангелийы. Уымæ гæсгæ Чырыстийы ныхæстæ - хæринаг æмæ нуазæн (ома, къæбæр æмæ сæнæй саходын) чырыстоны хæс у. Чырысти ахæм хъуыды зæгъынмæ хъавыд. Фæлæ адæймаг зароба куы иса аргъуаны, йæ уд та Евангелийæ куынæ рухс кæна, Еванглийы амынддзинад бамбарыны бæсты йæ зæрдæйы дзæбæхæн кинотæ æмæ театртыл, хъæзтытыл куы зила, уæд ахæм хæринагæй чырыстон лæгæн йæ уды фарн афтæ бахус уыдзæн, æмæ йæ дзы- гъал-мыгъул дзæнгæрæгау хъуысдзæн. Уыдæттæ иууылдæр сты адджинæгтæ маргимæ змæсты хуызæн, царды хойраг нæ, фæлæ. Исчитæ хъуамæ бафæрсой: æмæ адджинæгтæ хæрын исты аипп у, миййаг!? Адджинæгтæй фелгъæд вæййы адæймаг æмæ йæ нал фæхъæуы æнæниздзинадæн ахъазгæнæг хæрзад хæринаг. Уый тынг хорз зонынц хистæртæ, ныййарджытæ, æнахъом сывæллæттæ кæмæн ис, уыдон. Уый хъуамæ зоной чырыстæттæ дæр, йæ хæдзары телевизор кæмæн ис, уыдон. Чырыстийы ахуыргæнинæгтæй иу- Павел афтæ фыста: „Раст зæгъын хъæуы, хорз у Хуыцауы арфæйæ зæрдæ фидар кæнын, хæринæгтæй нæ, фæлæ" (Евр. 13:9). Махæн нæ хойраг у Хуыцауы ныхас. Æз фидарæй лæуд дæн ууыл. Фæлæ йæхи удæнцойæн аргъуаны зароба чи райсы æгъдауы номыл, уый уæлæмæ никуы схиздзæн, дард нæ ахæццæ уыдзæн: фæскъуым æй афæлдахдзæн хæйрæг. Хуыцауæй гуырд цы чырыстон у, Сыгъдæг Удæй рафæлдыст чи æрцыд, уый æнæмæнг Хуыцауы хъæбул у. Æмæ æнæмæнг тырндзæн заро- байæ саходынмæ, йæ дзыхмæ йæ схæсдзæн тæрсгæ-ризгæйæ, фыр æхсызгонæй йæ зæрдæйы тæпп-тæпп цæудзæн, афтæмæй, цыма æнусон царды хойрагæй аходы, раст афтæ. 13
ХУЫЦАУЫ ЗАКЪОН „... Цы диныл хæст уыдтæн мæ райгуыргæйæ, уыцы динимæ амæлдзынæн". Махæй иунæг адæймаг дæр нæ райгуырд дины, фæлæ рай- гуырдыстæм тæригъæдты мидæг. Уый тыххæй бæлвырд амынд ис 51-æм Псалмы. Бакæсут æй. „Адæймаг тæригъæды мидæг куыд райгуырд, афтæмæй, æнæ баууæндгæ æмæ æнæ фæфæс- монгæйæ куы амæла, уæд æнæмæнг йæ уд зындоны уыдзæн. Ахæм у Хуыцауы закъон. Уымæ гæсгæ хъуамæ райгуырат Хуы- цауæй", - загъта Чырысти. АСТÆУККАГ УАВÆРÆН УÆВÆН НÆЙ „...Мæнмæ гæсгæ уырнындзинады мидæг хъуамæ уа „сыгъзæрин астæу": ма у æнæхуыцауыхай, стæй ма у иуæй-иуты хуызæн „фана- тик" ома иудадзыг Хуыцауы койгæнæг, цыма æндæр æппындæр ницы хъуыддæгтæ ис нæ царды, уыйау". Иудадзыг Хуыцауы кой чи кæны, Хуыцауы уарзондзинады кой, уый æвæццæгæн фанатик нæу, фæлæ хуымæтæджы уырнæг адæймаг. Дины хъуыддаджы „астæуккаг уавæрæн" уæвæн нæй. Чырысти у „хъæрмуст" чырыстæтты ныхмæ. Афтæ Йæ зæрдæмæ нæ цæуынц, бынтон уазал цæстæй чи кæсы динмæ, уыдон дæр. Æмæ уымæн загъта: „Мемæ иу фæндагыл чи нæ цæуы, уый Мæ ныхмæ у". Чырысти тæригъæдджынтæм сиды уынгæг фæндаг- мæ, хæйрæг та - уæрæх фæндагмæ. Астæуккаг фæндаг дзы нæй. Уымæн æмæ ахæм „астæуккæгтæ" мæнæ зулкъæй уæлдай не сты, æхсынынц чырыстон дин. „Уæ бон нæу Хуыцауæн æмæ хъæз- дыгадæн лæггад кæнын", - загъта уыдонæн Чырысти. Ахæм астæуккаг фæндаг чи агуры, уый æнæмæнг йæхæдæг йæхи ’гъдауæй æрбырдзæн тæригъæдты цъымарамæ æмæ йæхæдæг йæхи фæсайдзæн. 14
УÆДÆ ЦЫ БАКÆНЫН ХЪÆУЫ? ,,..Æз мæхи цæстæй федтон Саратовы, дзуары ныв (иконæ) куыд сног, уый! Ныр ахæм хъуыддæгтæн сæ кой дæр нал ис, уымæн æмæ адæмы ницыуал уырны, сæнæууæнк сты Хуыцауыл". Мах сног кæнын хъæуы нæ зæрдæтæ, дзуары нывтæ нæ, фæлæ. Æнахуыр ивддзинад хъуамæ æрцæуа алыхуызон дзау- мæтты, мигæнæнты нæ, фæлæ адæймагæн йæхи уды мидæг, йæхи зондахасты. Науæд адæймаджы цардæн ницы хуызы ис хуыздæрырдæм аивæн. Æмæ уыцы æнахуыр диссаг фенæн ис абон. Фæлæ йæ фенын ницы диссаг у, дæ уд æй йæхиуыл куы нæ бавзара, уæд; уый тыххæй та хъæуы æууæнк, Хуыцауыл æууæн- дын, стæй уæлæнгай ныхæстæй нæ, фæлæ царды хъуыддæгтæй. Гъе, уыцы æууæнкдзинадмæ сиды Чырысти. НÆ УÆЛАРВОН ФЫД „...Афтæ нæм фæкувынц: „Нæ Уæларвон Фыд". Уый нæ тæккæ фыццаг куывд у. Æмæ кæддæриддæр фехъуысдзæн Хуыцаумæ, кæд- дæриддæр æй айсдзæн, уымæн æмæ йæ Йæхæдæг радта". Ам иу ахæм ахъаззаг фиппаинаг ис. Фыццаджыдæр зæгъын хъæуы, адæмæй кæй ферох „Нæ Уæларвон Фыд", зæгъгæ, уыцы куывды мидис. „Нæ Уæларвон Фыд" цæмæй зæгъай, уый тыххæй хъуамæ уай Хуыцауы хъæбул, ома, дæ уагмæ гæсгæ Хуыцауæй гуырд дæ удæй. Фыст куыд у, афтæ: „Йæ зæрдæмæ Йæ чи айста уырнындзинадæй æмæ Йыл чи æууæнды, уыдонæн радта Йæ сывæллæттæ уæвыны бар, кæцытæ нæдæр тугæй, нæдæр буары фæндонæй, фæлæ Хуыцауы фæндонæй, райгуырдысты (Ин. 1:12-13). Хуыцауы хъæбул уæвыны тыххæй та хъуамæ ногæй райгуырай, æмæ дæ тæригъæдтæй ссыгъдæг уай (Иоан. 3). „Сы- мах хæйрæджы цот стут", - загъта Йесо нæсæттон Иудейтæн. „Табу дæхицæн", зæгъгæ, арæх бакувынц, Чырысти йæ зæр- дæмæ æппындæр хæстæг кæмæн нæу, ахæмтæ дæр. Ома, æгъдау, 15
афтæ домы, зæгъгæ, уый дымæгмæ. Бынтон æнæпайда, æнæ- хъуаджы хъуыддаг у уый. Куывды ахæм ныхæстæ дæр ис: „Бæрзондылбадæг, Де ’ргом нæм рухсæй раздах", афтæмæй та сæ зæрды кæрон дæр нæй Хуыцауы ном рухсæй арын. Æмæ сæ куывд рауайы гæдыныхас. Уымæ гæсгæ сæ сæрмæ райсынц тæригъæд. Чырыстийы ном сыгъдæгæй арын, - уый æгæр стыр хъуыддаг у. Тæригъæдджын адæймагæн йæ бон нæу Хуыцауы ном рухсæй арын, Хуыцаумæ уæлæнгай былтæй кувын, зæрдæйæ нæ, фæлæ. Уымæй адæймаг ракæны тæригъæд, йæхи удыл рази- лы комдзог. Адæймаг æрдзæй рахаста Хуыцауы ныхмæ лæуд. Æмæ йæ бон Хуыцауы хъæбул уæвын нæу, Чырыстимæ куынæ бакува сыгъдæг зæрдæйæ „Табу дæхицæн", зæгъгæ, уæд. Æвæдза, адæй- маджы нæ уырны Хуыцау æмæ уæлæнгай ныхæстæй кувы, уæд никуы фехъуысдзæн æмæ никуы сæмбæлдзæн йæ куывд Хуы- цауыл. Уæдæ цавæр куывд айсдзæн Хуыцау алы адæймагæй дæр, уæлдайдæр тæригъæдджынæй? Цавæр куывдыл никуы кæны стырзæрдæ Хуыцау? Хуыцаумæ хъуысы æмæ Йæхимæ исы, стæй дзуапп дæтты саст зæрдæйы куывд. Бакæсут ма 50-æм (фæсмойнаг) псалом. „Саст зæрдæйæн бахатыр кæндзынæ Хуыцау". Афтæ скуывта дзуарыл тыгъд фыдгæнæг. Афтæ райхъуысти йæ фыдмæ æрбаз- дæхæг фæсмонгонд фырты куывд. Ахæм æнкъарæнтæ равдыста сылгоймаг йæ куывды Симоны хæдзары. Йæ цæстысыгæй уый æрæхсадта Йесойы къæхтæ æмæ сæ ныссæрфта йæ дзыккутæй. Алыхуызон сты куывтытæ, фæлæ СЕППÆТЫ айста ХУЫ- ЦАУ, уымæн æмæ сеппæты дæр уыди иу хъуыды - саст зæрдæ, фæсмон. Æнæ уый „Табу дæхицæн", зæгъгæ, уыцы куывд куыв- дыл нымад нæу. Кувджытæ сæ зæрдæйы бынæй „Табу" куы кæниккой, куыд сæ тæригъæдтыл фæфæсмонгæнæг адæм, уæд зæххыл ралæууид дзæнæты дуг. Уæд мах æцæгдæр уаиккам æфсымæртæ. Æфсымæр та æфсымæримæ топпы дзыхæй нæ дзуры, хæцæнгарз æм нæ исы. Чырыстимæ чи æрцыд, уыдон сты Йæ сывæллæттæ. Хъулон дзы никæйы кæны. Æппæты дæр уарзы æмхуызон. Æппæты лæмæгьдæры та - фылдæр. Фæлæ бирæтæ 16
сæ фыдæлты райдиан, сæ равзæрæн уидаг агурынц адæй- магæнгæс маймулиты стæгдарты. Зæххы цъарыл цалдæр милли- ард адæймаджы æхсæн иугæйттæ йедтæмæ Хуыцауы йæ фыд ничи хоны, чи Йыл æууæнды, уыдоны æхсæн дæр чидæртæ уый нымайынц æгъгъæдыл, сæ дин та - æххæст зондыл. „Табу дæхицæн", - уый стыр куывд у. Адамæй райдай æмæ абоны онг бирæ дзыллæтæ куывтой Хуыцаумæ, бирæтæн раргом кодта Хуыцау Йæхи, фæлæ Хуыцау сæ фыд у, уый адæмæн бам- барын кодта Чырысти. Уымæ гæсгæ уырнæг адæймаджы Хуы- цаумæ æлвасы тас нæ, фæлæ уарзондзинад, куыд хи фыдмæ. Чырыстон дин арæзт у тасдзинады бындурыл нæ, фæлæ уарзон- дзинады бындурыл, хи цотыл сæ банымайыны бындурыл. Æмæ чидæриддæр Хуыцауы йæ Уæларвон Фыдыл нымайы, уыдонæй хъуамæ рох ма уа Хуыцауы ныхас: „Кæд æмæ Æз дæ Фыд дæн, уæд кæм и Мæ кад? (Мал. 1:6). „Æмæ уæхицæн фыдыл макæйы нымайут, уымæн æмæ уын иу Фыд ис, Уæларвон Фыд" - загъта Чырысти. Уæдæ мах дæр æфсымæртыл нымайæм Еванге- ли амонджыты, уымæн æмæ уæлдæр кæй загътам, уыцы ныхæстæм ма Чырысти бафтыдта афтæ: „Сымах иууылдæр - æфсымæртæ стут". НЕ ’МБАРЫН „...Не ’мбарын, Хуыцау куыд фæразы тæригъæдджынмæ кæсын зындон арты фыцгæ? Хуыцау - уарзондзинад у, зæгъгæ, иуыл афтæ куы хъусæм..." Раст у. Хуыцау æцæгæйдæр у уарзондзинад. Фæлæ уыимæ рæстдзинад дæр. Æмæ æцæгдæр зын бамбарæн у, Хуыцау куыд бафæрæзта Йæ иунæг фырты хъизæмæрттæм кæсын, 6 сахаты дзуарыл тыгъдæй. Мæнæн ис дыууæ фырты æмæ мæ нæ уырны, Хуыцау куыд бафæрæзта кæсын, тæригъæдджынтæ йын Йæ иунæг хъæбул Йесойæн цы фыдмитæ бавзарын кодтой, уыдон- мæ?! Хуыцау уыдæттæн уымæн бафæрæзта, цæмæй равдиса Йæ уарзондзинад адæймагмæ. Рæстдзинадыл лæуд уæвгæйæ, дзуа- 17
рыл тыгъдæй Йæ Фырты Голгофы уынгæйæ, Уый фæндыд алы тæригъæдджыны дæр фервæзын кæнын. Æмæ Хуыцауы уар- зондзинад кæд ныр уыцы тæригъæдджын йæ къæхты бын сæууæрста æмæ Хуыцауы æппындæр нæ нымайы, Сыгъдæг Уды бирæ сидтытæн мæстæймарæн дзуапп дæтты „нæ", уæд æз не ’мбарын, Хуыцауæн Йæ бон цæуылнæ у хъизæмарæй марыны аккаг тæригъæдджыны фервæзын кæнын? Ам ис сусæгад. Æмæ йæ базондзыстæм æрмæстдæр æнусон дунейы. Æрмæст Чырыс- тиимæ иумæ уæвгæйæ. ИРВÆЗЫНГÆНÆГ УЫРНЫНДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ „...Афтæ фехьуыстон, аргъуаны кусджытæй, дам, чидæр дзыр- дта радыойæ, зæгъгæ, сæйрагдæр у уырнындзинад. Хуыцауыл куы æууæндай, уæд зындонæй ирвæзт дæ æнусмæ дæр, куыдфæнды куы цæрай, уæддæр. Æз не ууæндын ууыл, нæ мæ уырны. Сымах та?" Мæн дæр нæ уырны. Уый та уымæн, æмæ Сыгъдæг Фыс- тæджы ницы бындур арын ууыл баууæндыны тыххæй. Кæд æмæ адæймаг æцæгдзинадæй йæ уырнындзинады фæрцы у ирвæзт, уæд йæ цард дæр уыдзæн йæ уырнындзинадмæ гæсгæ. Кæд æмæ тæригъæдты ныгъуылгæ цæры æмæ афтæмæй, ирвæзт дæн, зæгъы, уæд ыл, кæй зæгъын æй хъæуы, баууæндæн нæй. Куыд ис амæлæн рæстæй, кæд æмæ хинæй цæуыс царды мидæг? Уымæн уæвæн нæй. Ууыл дзурæг сты Библийы бирæ æвдисæйнæгтæ. Зæгъæм, Корей уыди сауджынты мыггагæй, хаста Хуыцауы Ковчег, ардта Сыгъдæг Хуыцауы ном, афтæмæй фыдмардæй амард йæ фырхъалæй, йæ фырсæрыстыры аххосæй. Нойы фырт фервæзт доны хъаймæтæй, фæлæ уыд галиу зондыл хæст, æмæ уый тыххæй бабын. Ваалам уыди пехуымпар, рæсугъд ныхасæй, аив дзырдæй æххæст, уæдæ Чырыстийы дæр уыдта рагацау, арвы риуыл куыд цæхæркалгæ Стъалыйы. Фæлæ йæ мæлæт ссардта æнæныббаргæ тæригъæдджынæй, раст цард кæй нæ кодта, уый тыххæй. 18
Цыбырдзырдæй, йæ тæригъæдтæй сыгъдæггонд чи нæ уа, уымæн Хуыцауы фæндагыл цæуæн нæй, Хуыцауыл куы æууæн- да, уæддæр. Уырнындзинад алыхуызон вæййы. Зæрдæбынæй чи æууæнды, ирвæзыны онг Хуыцау йæ зæрдæйы арф æвæрд кæмæн у, уый никуы зæгъдзæн: „Хуыцауæй разы, ныр ирвæзт дæн зын- донæй æмæ мæ бон у ногæй тæригъæдтæ кæнын..." Цæмæй ирвæзын кæны Чырысти адæймаджы? Фыццаджыдæр тæригъæ- ды бацæуынæй. Сæйрагдæр у тæригъæдтæй ссыгъдæг уæвын, ногæй райгуы- рыны хуызæн. Чырысти та зоны, Хуыцауæй чи райгуырд, уыцы удгоймаджы куыд бахъахъхъæнын хъæуы, уый. УЫРНЫНДЗИНАД ÆМÆ ЦЫРГЪЗОНД „...Уæрæсейы мидæг мæнæн уыди фадат уырнæг адæммæ хъус лæмбынæг æрдарын æмæ мæ дисы æфтыдта сæ талынг, се ’нахуыр- гонддзинад, Библийыл куырмæджы æууæндындзинад: ома, фыст дзы цы æрцыд, ууыл æууæнд. Мæнмæ гæсгæ та æууæндæн ис, цы зонай, æрмæст ууыл: цы зоныс, уый дæ уырнæд, цы нæ зоныс, уый та нæ". Адæймаг æрдзæй афтæ рахаста, кæй зоны, ууыл не ’ууæнды, фæлæ базонæн кæмæн нæй, ууыл. Ис ахæм хабæрттæ, мах бон бамбарын, базонын кæй нæу. Нæ царды цы уынæм, уыдæттыл дызæрдыг нæ кæнæм, фæлæ цы нæ уынæм, цы нæм нæ зыны, уый та мах уырны æууæнкæй. Мæхицæй йæ зонын, бирæ цы- дæртæ не ’мбарын, цæстæй сæ нæ уынын, никуыцæй мæм зы- нынц, фæлæ мæ уæддæр уырнынц, кæмдæр цыдæр ис æнæмæнг. Билли Грем афтæ дзырдта: „Æз не ’мбарын, цъæх кæрдæгæй урс æхсыр куыд рауайы, уый. Фæлæ уыцы хъуыдцаг æппындæр ууыл дзурæг нæу æмæ æз æхсыр ма нуазон". Райсæм наукæйы æнтысдзинæдтæ. Хорз сты. Фæлæ сæ кæд махæй алчи не ’мбары, уæд уæвгæ дæр не сты. Зæгъæм, телеви- зоры арæзт кæд нæ зонæм, уæд уый ууыл дзурæг нæу, æмæ нын нæй экранмæ кæсыны бар. Æз уæ фæрсын: нæ хæринаг куыд 19
батайы туджы мидæг? Чи мын ратдзæн дзуапп уыцы фарстæн? Фæлæ уый дæр ууыл дзурæг нæу, кæд нæ зонын хойраджы куыст мæ буары, нæ туджы мидæг, уæд хъуамæ хæринаг ма хæрон. Цæуылнæ хъуамæ æууæндæм мах Йесо Чырыстийыл, куыд уд ирвæзынгæнæгыл? Адæм сеппæт дæр сты тæригъæдджынтæ. Æрмæст иутæ фылдæр, иннæтæ къаддæр, фæлæ сеппæт дæр сæ къух систой Хуыцауыл, „Хуыцауы кады аккаг нал сты", - афтæ зæгъы Сыгълæг Фыстæг. Æрмæстдæр Йесо Чырыстийыл чи баууæндыд, уыдон фæфæсмон кодтой сæ тæригъæдтыл, бафи- дыдтой Хуыцауимæ æмæ райгондæй цæрынц. Иннæтæ фæстиат кæнынц. Æмæ уымæй уавæр нæ ивы, Чырысти æппæт тæри- гъæдджынты сæрвæлтау Йæ цард кæй радта æмæ сеппæты дæр кæй сраст кодта, уый уæддæр ницы давы. Æууæндат, æви ма æууæндат, уый уæхи хъуыддаг у. Æз æууæндын Чырыстийыл. Æмæ мын цы дæтты уыцы уырнындзинад? Мæ уд цæмæдæрид- дæр бæллыд бирæ заманты, уый мæ къухы бафтыд: æнцойдзи- над мæ зæрдæйæн æмæ ныфс мæ уды æнусон цардæн. ÆМÆ ЦЫМÆ УЫЙ ЦЫРГЪ ЗОНДЫ ФÆРЦЫ У? „...Сымах, бæгънæг, бæгъæввад адæм, æрбаивылдыстут Евро- пæйæ æмæ уæ фæнды мах, Америчы Хуыцауыл куыд æууæндын хъæуы, ууыл ахуыр кæнын. Хуыцауыл æууæндын у æнахуыргонд зæронд адæмы хай. Адæммæ сидын хъæуы размæ, фæстæмæ нæ фæлæ. Æууæндын хъæуы наукæйыл, Библийыл нæ, фæлæ. Библи та адæмæн афтæ амоны:„Ут сывæллæтты хуызæн æнæхин". Библи наукæйы ныхмæ нæ цæуы, фæлæ йæ фидардæр кæны. Наукæ дæр уæдæ нæ цæуы Библийы ныхмæ. Евангели талынг- дзинадыл, æнахуыргонддзинадыл райы, зæгъгæ, афтæ æнхъæл чи у, уый рæдийы. Хуыцау адæмы хоны рухсмæ. Галилейаг кæса- гахсджыты æмрæнхъ Хуыцау пайда кодта тынг стыр ахуыргонд адæмтæй дæр, куыд зæгъæм, апостол Павел, евангелист Лука æмæ æндæртæ. Пахуымпар Амосы хуызæн фиййæутты æмрæнхъ Хуыцау спайда кодта паддзæхтæй дæр: Давид, Соломон æмæ 20
иннæтæй. Соломон уыди йæ заманы тæккæ зондджындæр æмæ ахуыргонддæр паддзах. „Аппарут æдылы митæ, цæрут æмæ цæут зонды фæндагыл", - фыссынц уыцы куырыхон лæгтæ (Пр. 9:6). „Сахуыр ут рæстзонды фæдыл цæуын, фыдыздыхт гуырдтæ, базонут зонды ныхасмæ хъусын, æдылытæ", - сиды Библи (Пр. 8:5). „Зонд сызгъæринæй зынаргъдæр у", - райхъуыст Сыгъдæг Удæй. Уæдæ куыд бамбарæн ис Чырыстийы мæнæ ацы ныхæстæ: - „Ут сабиты хуызæн". Кæнæ Йæ бакуывд: „Кадджын Дæ кæнын Мæ Фыд, Ды кæй басусæг кодтай уый зондджынтæй æмæ куырыхонтæй, æмæ кæй раргом кодтай уый дзидзидайтæн" (Мф. 11:25-30)? Уый ууыл дзурæг у, æмæ Хуыцауы зонд бамбарын, Хуыцауы фæрцы аирвæзыныл сæ бон у æрмæстдæр, сывæллонау, алцыдæр кæй уырны, уыдонæн. Фæлæ ацы дунейы зонды сæр чи у, уымæн та æнцон нæу сабийы зонды онг йæхи æруадзын, æппындæр чи ницыма æмбары, уый онг. Хуымæтæджы самарийаг сылгоймаг айста йæ зæрдæмæ Хуыцауы ныхас æмæ уайсахат азгъордта горæтмæ хабар иннæтæн дæр фехъусын кæнынмæ. Зондджын Никодимæн та йæ бон уый бамбарын нæ уыд, куыд ис Хуыцауы Сыгъдæг Удæй райгуырæн. Æмæ Чырысти уымæн афтæ загъта: „Сывæллæттау куы нæ уат æмæ куы нæ бакуват, уæд уын фæндаг нæй Уæларвон дзæнæтмæ" (Мф. 18:3). Сывæллæттæ арæхсынц æууæндынмæ дæр æмæ уырнынмæ дæр. Йæ чысыл зондæй дунейы равзæрд бамбарыныл æмæ йæ цар- ды нысан раиртасыныл чи архайы, уый ницы ссардзæн, ницы раиртасдзæн. Хуыцауæн Йæ куыст райдайы сæры зондæй нæ, фæлæ зæрдæйæ, уымæн æмæ „æппæт дæр зæрдæйæ рацæуы". Зонд та у æрмæстдæр æххуысгæнæг фæрæз. „Æппæты тыхджындæр зонд у Хуыцауæй тæрсын", - амоны Библи. Хуыцауæй чи тæрсы, уый у æцæг амондджын æмæ раст зондыл хæст. Хуыцау ахæм ахуыргонддзинады ныхмæ у, кæцы нæ исы царды Хицауы. Уый æдылы зонд у æмæ рæдийын кæны адæймаджы, зыгъуыммæ йын здахы йæ зондахаст. Закъонтæ зон, фæлæ Закъонæвæрæджы ма зон! Ахуыр кæн æрдзы закъон- тæ æмæ дæм нымады дæр ма уæд æрдзы Сфæлдисæг! Уый уæдæ 21
æдылы зонд нæу? Куы ахъуыды кæнæм, уæд закъон йæхæдæг у зондæй аразгæ. Уæдæ уæд æдылыдзинадæй равзæрдзæн зонд- джын хъуыды? Куырм æрдз сараздзæн миййаг цæхæркалгæ цæст? Псалмтæ фыссæг Давид иуахæмы афтæ загъта: „Æды- лымæ кæддæр йæ зæрдæ афтæ сдзырдта, Хуыцау нæй". Ныр сæм афтæ канд сæ зæрдæ нæ дзуры, фæлæ ма йæ дзыхæй дæр дзурынц æмæ йæ фысгæ дæр афтæ кæнынц. Галилейаг хуымæтæджы кæсагахсæджы дзыхæй куы рай- хъуыстаид кæддæр, адæймаг маймулийæ равзæрд, зæгъгæ, уæд ыл адæм фæхудтаикклй. Фæлæ уыцы хабар хъæрæй куы дзурынц æмæ йæ „ахуыргæндтæ" чингуыты куы фыссынц, уæд ыл куыннæ баууæнддзынæ? Гъе афтæмæй адæймагæн ахæм „ахуыргæндтимæ" йæ бон у бахауын æдылыдзинадмæ. Ис иу ахæм радзырд, дыууæ хæд-зонд философы цæугæдо- ныл иу былæй иннæмæ куыд хызтысты, уый тыххæй. Сыстад тыхджын дымгæ. Философтæй иуы бафæндыд йæхи бынтон зондджынæй равдисын æмæ фæрсы бæлæгътæрæджы: „Хъус ма, мæ лымæн, ды зоныс, дымгæ цæмæй рауайы, уый? „Нæ зо- нын", - дзуапп радта зæронд лæг. Стæй бæлццæттæн сæ бæлæгъ донæй дзаг кæнын куы байдыдта, уæд сæ бæлæгътæрæг зæронд лæг афарста: „Æмæ уæм фарн бадзурæд, ахуыргæндтæ, фæлæ сымах зонут, куыд ленкгæнгæ у, уый?" „Нæ!" „Нæ зонæм", - дзу- апп радтой философтæ. Уæд сын бæлæгътæрæг загъта: „Кæд æмæ ленк кæнын дæр нæ базыдтат, уæд уæ ахуыргонддзинад æппындæр ницы у. Æмæ уæ, æвæццæгæн, бахъæудзæн доны бынмæ ацæуын, дон та æвæдза, тынг арф у..." Ацы хабарæй уый зæгъынмæ хъавын, Чырыстийы чи нæ зоны, уый ницы зоны. Цæмæн? Уымæн æмæ æппæт иннæ зонын- дзинæдтæ ницы ахадынц, сты рæстæгмæйы зонындзинæдтæ. Нæ уд та æнусон у! Æмæ нæ ардыгæй райдайын хъæуы ахуыр кæнын. ЧЫРЫСТИ - ИУНÆГ ФÆНДАГ „...Динтæ нæ иууылдæр кæнынц Хуъщаумæ, алчи йæхи фæнда- гыл. Конфуций дæр, Буддæ дæр, Мæхæмæт дæр ахуыр кодтой хорз- 22
дзинадыл, цæстуарзондзинадып. Уымæ гæсгæ дзæгъæлы æнхъæл стут, Чырыстон ахуырад иннæ динтæй хуыздæру, зæгъгæ..." Уæдæ уæм фарн бадзурæд, фæлæ тынг рæдиут уымæй. Исто- рион литературæйы диссаджы хабар ис. Æмæ уын уый феххуыс уыдзæн ацы хъуыддаг равзарынæн. Уæвгæ та уыцы хабар æрцыд цыппарыссæдз азы размæ. Чикагомæ æрæмбырд сты æппæт динты минæвæрттæ. Чырыстон дины номæй уыцы æмбырды уыди Джон Кук Бостонæй. Алчи дæр дзы ныхас кодта æмæ хуыздæрыл нымадта йæхи дин. Йæ рад æрцыд Джон Кукæн дæр, æмæ хæрз цыбырæй бакасти Шекспиры уацмыс „Леди Мак- бетæй" диссаджы хабар. Сылгоймаг сси лæгмар. Йæ зæрдæ йæхи къултыл хойы, цы тæригъæд ракодта, уый тыххæй. Йæ къухтæ тугæй ахуырст. Йе ’фсарм райхъал. Фæлæ цы кæна? Куыд кæна? - Дæуæн дæ бон баххуыс кæнын у, сэр, уыцы хъуыддаджы? - фæрсы Джон Кук буддисты. - Æвæццæгæн нæ... - хъуыдыгæнгæ загъта лæг. - Дæуæн та? - бадзырдта Джон пысылмонмæ, - исты баца- монын дæ бон у лæгмар йæ тæригъæдæй цæмæй фервæза, уымæн? Лæг йæ сæр æруагъта. Иуцасдæр йæ дзыхæй дзырд нал схауд. Уæд Джон Кук рафæлдæхта Евангелийы чиныг æмæ дзы хъæрæй барджын хъæлæсæй бакаст: „Йесо Чырыстийы туг, Хуыцауы Фырты туг мах сыгъдæг кæны цыфæнды тæригъæдæй дæр’’ЦИн. 1:7). - Уый дын мæ дины мидис, - ууыл ахицæн кодта йæ раныхас чырыстон дины минæвар Джон Кук. Æмæ кæд уыцы ныхæстæ уæ зæрдæйы арф æвæрд не сты, диныл æууæндгæйæ, уæд уын ницы хос ис, ницы уын феххуыс уыдзæн дин. Ничи уын ницæмæй баххуыс кæндзæн, нæдæр Кон- фуций, нæдæр Будда, нæдæр Мæхæмæт, нæдæр Заратустрæ. Æрмæст Чырысти у иунæг фæндаг ирвæзындзинадмæ. Уымæн æмæ Чырысти йедтæмæ йæхи мæлæтмæ никуыма ничи радта мах тæригъæдты тыххæй. Уый у мæ дин. Уый у Хуыцауы дзæ- нæтмæ фæндаг. Уымæ уыди бар йæхи тыххæй зæгъынмæ: „Æз дæн фæндаг". Æндæр фæндагæн уæвæн нæй. Æндæра дуне 23
Сфæлдисæг Йæ иунæг Фырты зæхмæ нæ рарвыстаид дзуарыл амæлынмæ æппæт дзыллæты сæрвæлтау, æппæт дунейы тæри- гъæдты тыххæй. ÆХСÆНЫ МИНÆВÆРТТЫ ТЫХХÆЙ „...Сымах фыссут: Хуыцауы æмæ адæймаджы æхсæн иуминæвар ис Чырысти. Евангелийы та афтæ фыст ис: „Бирæу йæ бонрæст- уды куывдæн". Уæдæуæдуыцырæстгæуд æхсæны минæвар нæу, кæд ын йæ куывд Хуыцау афтæ æхсызгонæй исы, уæдТ Адæймаджы æмæ Хуыцауы æхсæн минæвар иунæг Чырысти у, зæгъгæ, амоны Библи. Бакæс ма 1 Тим. 2:15. Рæстуды куывд та бынтон æндæр у. „Бирæ у йæ бон рæстгæнæджы куывдæн", куы зæгъæм, уæд цавæр рæстгæнæгыл цæуы дзырд? Мин азы размæ чи амард, ахæмыл, æви ныртæккæ чи цæры азæххыл, ууыл? Ирвæзт удтæ дзæнæты зарынц, тæригъæдджынтæ та хъизæмар кæнынц (Лук. 15:23). Кувын хъæуы ам зæххыл. Стæй æрмæст хи уды тыххæй нæ, фæлæ де знæгты тыххæй дæр (Мф. 5:44). Хуыцау æмæ адæймаджы астæу æхсæны минæвар у æрмæстдæр Чырысти. Æмæ куыннæ, кæд æмæ æрмæст уый хъизæмар кодта дзуарыл тыгъдæй не ’ппæты тæриъæдты тыххæй. Æмæ гъе уый адæмæн се ’ппæтæн дæр дзуры: „ÆРЦÆУТ МÆНМÆ, тæригъæдджын чи у, тыхстытæ æмæ уæззау уаргъ чи хæссы, уыдон сеппæт, æмæ уын Æз æнцой рат- дзынæн" (Мф. 11:28). Амонгæ та æвæдза, æппындæр никæйы бакодта. Уыцы æцæгдзинад тынг бæлвырд æвдыст у Чырыстийы ахуырады. Æмæ уый ныхмæ исты æндæр хъуыдытæ æмæ фыстытæ агурын дзæгъæл куыст у. Уый тыххæй æмæ дзы ницы рауайдзæн уыцы фæлывд хъуыдытæй. Кæд æмæ фыст ис „Чырысти иунæг минæвар у", уæд иу у. Дыууæ дæр нæ, æртæ дæр нæ, цыппар дæр нæ, фæлæ æрмæст иунæг. Æмæ уыцы хъуыд- даджы æндæр цыдæртæ агурын, æндæр минæвæрттæ дзы амонын, - уый Хуыцауæн фæндон нæу. 24
ТÆРИГЪÆДТЫЛ БАСÆТТЫН ÆМÆ ФÆСМОН КÆНЫН „...Адæммæ дзылпæйы æхсæн фæсмон кæнынмæ сидын тынг гуымиры аипп у. Сæ тæригъæдтыл басæттынмæ хъуамæ цæуой æрмæст сауджыны размæ аргъуанмæ, уымæн æмæ сауджынмæ Хуыцауæй барлæвæрд исуый тыххæй'\ Кæд æмæ исты тæригъæд ракодтай сауджыны раз, уæд уый раз фæсмон дæр фæкæн. Тæригъæдтæ ныббарыны бар ис æр- мæст Чырыстимæ. Библийы афтæ фыст ис: „Адæймаджы Фырт- мæ ис тæригъæдтæ ныббарыны бар азæххыл, æндæр никæмæ" (Мф. 9:6). Уæдæ уæд Уый раз æмбæлы дæ тæригъæдтыл басæт- тын. Æндæр дзы ницы ныхасаг ис. Адæймаджы раз дæ галиу митыл басæттыны тыххæй та фыст ис мæнæ афтæ: „Уæ кæрæдзи цур сæттут, чи цы галиу ми бакæна, ууыл æмæ уæ кæрæдзи тыххæй кувут, лæгъстæ кæнут Хуыцауæн, тæригъæдтæй ссыгъ- дæг уæвыны тыххæй" (Иак. 5:16). Фæлæ уал раздæр бамбарын æмбæлы, кæй цур сфæнд кодтай дæ фыддзинæдтыл басæттын, уый дын хæлар адæймаг у, æви нæ, цæмæй райсом дæ фыдкой æгас зылдыл ма айхъуыса, стæй цæмæй галиуырдæм здæхт, æви фыдырдæм æмбæрстгонд ма ’рцæуа дæ хъуыддаг. Фæлæ ницы диссаг у, дæ хъуыддæгтыл дзыллæйы цур куы басæттай, уæдцæр. Адæмы цæсты цур галиу митæ кæнынæй чи нæ тарст, уый сыл ма тæрсæд адæмы раз фæфæсмон кæныныл дæр. Адæмы цæсты цур фыдракондыл басæттыны хъуыддаг тынг хорз æвдыст æрцыд Лев Толстойы драмæ „Власть тьма", зæгъгæ, уыцы драмæйы. Никитæ бæгъæввад æмæ пыхцылсæрæй йæ уæрджытыл æрлæууыд адæмы цур æмæ алкæмæй дæр куры хатыр. Фæлæ йæ хицауы минæвар, урядник цыма уынгæ дæр нæ кæны, афтæ йæхи дары æмæ хъæр систа: „Адте йæ кæнут! Хъæуыхицаумæ йæ аласут æвдисæнтимæ. Акт ыл ныффыссын хъæуы..." Фæлæ Никитæ уыдæттæй нæ тæрсы, йæ сæйрагдæр хъуыддаг - Хуыцауы раз йæ митыл куы басасти, уæд Никитæйы фыд, зæронд Аким дзуры урядникмæ: „Ды та, урс цæппæрджын, багъæц, Хуыцау алцыдæр уыны æмæ йæ фæнд цæуы... Æндæра 25
фæсмон нæ кæнид лæг". Урядник та æмбаргæ дæр нæ кæны, Хуыцауы хъуыдцаг цы у, уый. Æмæ нæргæ хъæлæсæй йæ хъæр хъуысы дардмæ: „Хъæуыхицауы ардæм!" Аким ын бæргæ лæгъстæ кæны, йæ цæстытæ доны зилгæ: „Бауадз ма йæ, Хуы- цауы хъуыддаг уал ахицæн уа..." Йæ фыртмæ та дзуры: „Дзур, мæ хъæбул, дзур, æппæт дæр дзур... Æмæ дын фенцон уа! Хуы- цауæй кур хатыр, адæмæй ма тæрс!" Уый тынг раст загъта: адæмы цæсты цур фæсмон кæнын худинаг нæу. Адæмæй ма тæрс, тæрс Хуыцауæй, тæрс Йæ тæр- хонæй, адæмы тæрхонæй нæ, фæлæ. Библийы бирæ хабæрттæ ис адæмы раз фæсмон кæныны тыххæй. КÆМÆЙ ÆМÆ ЦÆМÆЙ АРАЗГÆ У ТÆРИГЪÆДТÆЙ ФЕРВÆЗЫНЫ ХЪУЫДДАГ „...Сауджынты хистæр Баранов 1963 азы 3-æм июлы газет „Новая Заряйы" фыста, зæгъгæ, Уæрæсейы мидæг Мадымайрæмы диссаджы æнахуыр нывты нымæц хæццæ кæны 194-йы онг. Уыдо- нæй 9 сты „Хъазайнаг". Цымæ сымахуырны уыцы хабар?" Мæн уырны. Уæрæсейы уыд, стæй дзы абоны онг дæр ис тынг бирæ нывтæ (иконæтæ) Мадымайрæмæй, фæлæ мæ нæ уырны, искуы дзы исчи фервæзын кодта адæймаджы, уый. Библи амо- ны, ФЕРВÆЗÆН ИС ÆРМÆСТДÆР ЧЫРЫСТИЙЫ ФÆРЦЫ, ÆНДÆР ÆППЫНДÆР НИКУЫ ÆМÆ НИКÆЙЫ РУАДЖЫ. Ноджы бæлвырддæр та дзуры ахæм фыст: „Хуыцау иу у, иу у Хуыцау æмæ адæймаджы æхсæн Минæвар дæр, адæймаг Йесо Чырысти, Йæхæдæг Йæхи тугæй Чи балхæдта дзыллæты, Йæхи- мæ сын Чи райста сæ тæригъæдтæ, Уый" (1Тим. 2:5). Æндæр минæвæрттыл æз не ’ууæндын æмæ сæ нымайгæ дæр нæ кæнын. 26
АДÆЙМАДЖЫ ЦÆСТÆНГАС „...Мæн уырны алы йдæймаджы дæр дин æнæмæнг æхсызгон кæй хъæуы, уый, науæд дзы сырд рауайдзæн. Фæлæ хъауджыдæр нæй динтæй, кæцыфæндыйыл дæр дзы ныххæц, æрмæст æууæндæд адæймаг?" Уый адæймагæн сæрмагондæй йæхи цæстæнгас у. Хуыцау та афтæ зæгъы: „Мæ хъуыдытæ - сымах хъуыдытæ не ’сты, нæдæр сымах фæндотæ не сты Мæ фæндотæ" (Ис. 55). Бæгуыдæр у тынг ахсджиаг, цæуыл æууæндай, æмæ куыд æууæндай, уый. Æмæ диссаг та куыннæ у: адæймаджы фæнды Хуыцауыл æууæндын, афтæмæй та йæ тæригъæдтæ нæ уадзы. Афтæ гæнæн нæй. Кæд æмæ искæцы диныл ныххæцыдтæ, цæргæ та кæныс æнæхуыцау адæймаджы цардæй, уæд æндæр хуыздæр ницы хъæуы дæли- моны дæр. Гъе, æрмæст уымæ бæллы уый. Иу заманы æз алыгъдтæн уацайрæгты лагерæй. Мæ алидзыны агъоммæ скуывтон: „Иунæг кадджын Хуыцау, кæд æмæ мын феххуыс кæнай сæрибары фæндагмæ аирвæзынæн, уæд кувдзы- нæн кæддæриддæр æмæ аргъуанмæ дæр цæудзынæн. Хуыцаумæ фехъуысти мæ куывд æмæ мын баххуыс кодта. Нæ фæсайдтон мæ дзырд. Байдыдтон аргъуанмæ цæуын. Кæм цардтæн, уыцы хæдзары мæнæй иу уæладзыг бæрзонддæр цардысты мæ хæлæрт- тæ. Аргъуанмæ нæ цыдысты, стæй Хуыцауыл дæр не ’ууæндыды- сты. Алы хуыцаубоны дæр аргъуаны фæстæ æз цыдтæн уыдонмæ æмæ семæ арахъхъыл бафтыдтæн, нызтам нæ зæрдæйы фаг. Дины ныхмæ дзы ничи уыд. Стæй дæлимон дæр йæхиуыл хæцыд, дин æй ницы хъыгдардта. Фæлæ æз куыддæр Евангелийы рухсмæ бахаудтон æмæ æрфæсмон кодтон мæ тæригъæдтыл, афтæ мæ мæ хæлæрттæ апп-уппы систой: „Бакæсут ма уымæ, сыгъдæгæй агæпп ласынмæ хъавы, йæхи зæды бынаты æвæры, цыма махæй хуыздæр у... Æмæ немæ нуазын дæр нал комы..." Сæ иу мæм фыдрасыгæй æрбацыд æмæ мæм, дамбацайæ æвзидгæ, хъæр кæнын систа: „Мæнæ уыныс? Дæуæн ахæм дзуапп дæттын хъæуы, гадзрахатæй цæуæг кæй разындтæ, уый тыххæй! Нæ фыдæлтæ Хуыцауыл æууæндыдысты æнæ исты миногæй, ды та дæхи ауæй 27
кодтай..." Æз ныхъхъус дæн æмæ бафæрæзтон уыцы æфхæрæн- тæм хъусын. Иу цасдæры фæстæ уыцы „хæлар" басасти: „Хатыр дæ курын, ныббар мын мæ гуырымыхъ ныхæстæ... Æз фæл- вæрдтон дæ дин бамбарын. Æмæ куыд кæсын, афтæмæй раст у...". Гъе уый дын мæ дзуапп, мæ хæлар, дæ писмойæн: Дæу дæр мæ хуызæн хъæуы, дин йæхæдæг йæхигъдауæй нæ, фæлæ Чырысти. Æндæр нын ницы баххуыс кæндзæн, стæй нæ ничи фервæзын кæндзæн. ÆУУÆНДÆН ИС, ÆВИ НÆ? „...Библийы куыд фыст ис, афтæмæй рагзаманты адæм царды- сты мин азы бæрц. Ууыл баууæндæн ис, æви нæ?" Æппæтæй фылдæр азæххыл фæцарди Мафусал - 969 азы, мæл- гæ та акодта йæ фыд Енохæй раздæр. Уый та уымæн æмæ Библи куыд амоны, афтæмæй Енох уæлæрвтæм ист æрцыд удæгасæй. Æнæуырнæг адæм уыцы хабар нымайынц аргъауыл, фæлæ Хуы- цау кæмæн ис, уыцы чырыстæтты æнæмæнг уырны. Уымæн, æмæ, Хуыцауæн Йæ бон цы нæ у, ахæм хъуыддаг адунейыл нæй. ЦЫ У УÆДÆ УЫРНЫНДЗИНАД? „Фæндыд мæ базонын, цы у уырнындзинад, бæлвырддæр та чы- рыстон дин'\ УЫРНЫНДЗИНАД у адймаджы ахæм миниуæг, кæцы уыны æнæзынгæ диссæгтæ. Уый ноджы бæлвырддæр амынд у Биб- лийы: „Вера есть осуществление ожидаемого и уверенность в невидимом". Уырнындзинад у, цæмæ бæллыс, уый дæ къухы бафтын æмæ цы нæ уыныс, ууыл æууæндын (Евр. 11:1). Чырыс- тон уырнындзинад та уæлдай хицæнхуызон у: адæймаджы уды хи бастдзинад æнусон цæргæ Хуыцауимæ. Ме ’рыгонæй фæстæмæ æз зыдтон Уырнындзинады Нысан, 28
фæлæ мын Хуыцауимæ ницы бастдзинад уыд æппындæр. Æххæ- стæй Йыл не ’ууæндыдтæн. Æмæ рæстæг куы ’рцыд, уæд ме ’ууæнк нæ фæсайдтон, фæлæ тынгдæр баууæндыдтæн Хуыцауыл. Чырыстон дин канд уый нæу, - Хуыцауы тыххæй зонын. Уый фаг нæу. Зонæн ис дæ сыхаджы, зонæн ис бирæты æдте уынджы, семæ æппын æнæ бастдзинадæй. Гъе ахæм уавæры сты милуан- гай чырыстæттæ, Хуыцауимæ сын бастдзинад нæй. Чырыстæт- тæй бирæтæн Йесо у сæ хорз зонгæ, æмæ Йæм кувынц, тынг сæ куы бахъæуы Йе ’ххуыс, уæд. Уырнындзинады цæстæй уынæн нæй, фæлæ йын фенæн ис йæ хъуыддæгтæ. Уырнындзинадæн иумæйагæй ницы ис адæй- маджы зонындзинæдтимæ. Чырыстийы заманты чингуытæ чи фыста, уыдон æмæ аргъуанты кусджытæ сæ фондз æнгуылдзы хуызæн зыдтой Библи, афтæмæй та сæ ницы уырныдта æмæ сæ цард хъынцъымгæнгæ æрвыстой. Чырысти уыдоны схуыдта рæсугъд ахуырст чырынтæ, марды стджытæй се ’дзагæй. Уæдæ кæцæй фæзынди уырнындзинад? Хуыцауы Фыстæг амоны афтæ: „Уырнындзинад равзæры хъусæггагæй, хъусæггаг та - Хуыцауы ныхасæй. Æцæг уырнындзинад Хуыцауы Ныха- сæй рацæуы, адæймаджы æрхъуыдыгонд нæу, фæлæ. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ Чырыстон уырнындзинад иу у, Хуыцау дæр иу, аргъуыд дæр иу æппæт чырыстæттæн. Абон та быцæу цæуы уырнындзинадыл нæ, фæлæ алы динтыл æууæнчы тыххæй, алы дины ахуырадтыл. Кæцы дзы у растдæр? Хуыцауы Фыстæгмæ дзы æввахсдæр чи бацыд, уый, фылдæр ахъаз чи кæны, уый? „Сæ хъуыддæгтæй сæ базондзыстут, чи дзы кæцы у, уый", - зæгъы Чырысти Йæ ахуырады фæдыл цæуджытæн. ÆУУÆНДЫН ÆМÆ ЗОНЫН „...Уыди ахæм заман, адæм диныл æууæндгæйæ, куы цардысты. Ныр бынтон æндæр у рæстæг. Адæмы нæ фæнды æууæндын, фæнды сæ зонын. Диныл куырмæджы æууæндынæй цард нæй. Уый бам- барын афон у се ’ппæтæн, стæй дæуæн дæр. Цы дзуапп мын ратд- зыстут, уый мæ фæнды бакæсын." 29
БАЙХЪУС. „Хуыцауы зæрдæ балхæнæн нæй, куынæ йыл æууæндай, уæд", зæгъы Библи. Материалон дуне æнæмæнг зонын хъæуы алкæйы дæр. Фæлæ адæймаджы ноджы тынгдæр зонын хъæуы йæхи. Ам та фыццагдæр хъæуы уырнындзинад. Йæ фæдыл æрцæудзысты зонындзинæдтæ дæр. „Мах бауыр- ныдта æмæ базыдтам, Ды Чырысти кæй дæ, уый", - загъта Пётр йæ Ахуыргæнæгæн (Ин. 6:69). Бафиппайут: раздæр сæ „бауыр- ныдта", стæй Йæ „базыдтой". Ахæм у Хуыцауы закъон. Чидæриддæр зæрдæйæ æууæнды Евангелийыл, уый къухы æфты ахъаззаг зонындзинæдтæ дæр æмæ йæ бон зæгъын у апостол Павлы ныхæстæ: „ЗНАЕМ, что любящим Бога призванным по Его изволению, всё содействует ко благу". Зонæм, Хуыцауы чи уарзы, Йæхимæ кæй æрхуыдта, уымæн æппæт дæр ахъаз кæны рæстырдæм (Рим. 8:28). „ЗОНÆМ, нæ зæххон хæдзар куы ныккæла, уæд нын Хуыцауæй лæвæрд ис цæрæнуат уæлæрвты, къухæй æвнæлд кæмæ нæй, ахæм æнусон алæмæты бæстыхай" (2 Кор. 5:1). Уыцы зонындзинæдтæ дæтты уырнындзинад. Æмæ уый нæ зонынц æрмæстдæр æнæхуыцау мард чырыстæттæ. Уæдæ афтæ: уырнындзинадæй фæстæмæ ма адæймаджы хъæуы зонындзинæдтæ дæр. Æцæг зонындзинæд та ис Хуыцаумæ. УДÆГАС ÆУУÆНКДЗИНАД „...Сымах фæнды равдисын, уæ дин раст у, иннæ динтæ та нæ, уый. Æмæ мæ уый зæгъын фæнды: мæ уырыссаг дин цæры ныр мин азы, сымах алымыггаг динтæ та кæцæй фæзындысты?" Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ кæд дæ уырыссаг диныл мин азы цæуы, уæд дæхиуыл та цас цæуы? Æвæццæгæн, минæй фылдæр? Нæ, нæ уыди, стæй уæвæн дæр нæй уырыссаг, немыцаг, анг- лисаг динтæн. „Хæцут Хуыцауы уырнындзинадыл", - загъта Чырысти. Уый Хуыцауæй рауадзгæ у æмæ йын адæмыхатт нæй, уымæн æмæ уымæй уæлдæр у. Евангелийы кадыл арæзт цы уырнындзинад у, æрмæстдæр уый у раст. „Уырнындзинад хъу- 30
сæггагæй, хъусæггаг та Хуыцауы Ныхасæй" (Рим. 10:17) - уый уын мæ дзуапп, уæ дин та кæцæй фæзынди?" зæгъгæ, уыцы фарстæн. Раст уырнындзинад у - æгас уырнындзинад, царды йæхи чи æвдисы, уый. Æмæ æрмæст уымæн у йæ бон ирвæзынгæнæг уæвын. Æндæр уырнындзинад, кæцы ирвæзын нæ кæны адæйма- джы, мæн нæ хъæуы. Уыцы дин адæймаджы кæны амондджын, зæххыл цæргæйæ, æнусон цардыл нал дзурдзыстæм, афтæмæй. Ахæм дин адæймаджы уæнгты ауадзы „ног туг", дæтты йын ног зæрдæ, бындзарæй йын ивы йæ цард, ивы йын хуыздæрырдæм йæ уды хъæд, йæ зæрдæйы уаг" (Иез. 11:18, 20). Хуыцауыл æууæндгæйæ, адæймаг ирвæзы хъизæмарæй, алы мæстытæй (Ин. 3:16), ныфс ын уадзы йæ уæнгты Чырыстиимæ æнустæм иумæ цæрынмæ. Цæмæй тæригъæдджынæй фæцæрай æмæ дæ тæри- гъæддты мидæг амæлай, - уый тыххæй уырнындзинад нæ хъæуы. Евангелийы артдзæстæй зыны цины хабар: фæфæсмон кæн дæ тæригъæдтыл æмæ дын сæ Хуыцау ныххатыр кæна æмæ дæ уд сног уа. Бирæ адæмты ранымайæн ис, фыдгæнджыты цардæй чи фæцард, ахæмты, фæлæ Хуыцауы хæрзаудындзинады хабар бам- баргæйæ, Хуыцауы коммæ бакæсгæйæ бирæтæ фæфæсмон код- той сæ тæригъæдтыл æмæ сын хатыргонд æрцыдысты. Æмæ сæхи удæй бамбæрстой, нырæй фæстæмæ кæй сты Хуыцауы сывæллæттæ (Шн. 3:7-13). Мард уырнындзинадæй никуы ницы пайда райсдзыстут, Хуыцаумæ зæрдæбынæй кувæг куы нæ уат, уæд. Хуыцауы Фыстæджы куыд амынд ис, афтæ куынæ кæнат, Чырысти Нико- димæн куыд бацамыдта, афтæ (Ин. 3), уæд 60 азы дæр дæхи уырнæгыл нымай, зæрдæйæ не ’ууæндгæйæ, дæ тæригъæдтыл нæ фæсмон кæнгæйæ, æмæ афтæмæй амæлдзынæ тæригъæдтæй дæ хъуырмæ ныгъуылгæ. Уымæн æмæ дæ æнæджелбедт уырнын- дзинад, уæлæнгай ныхæстæ нæ фервæзын кæндзысты, нæ дæ сараздзысты рæствæндагыл. Стæй куыд ис рæстуды мæлæтæй амæлæн, галиу митæ, тæригъæдтæ кæнгæйæ. 31
УЫРНЫНДЗИНАД ÆМÆ ÆНКЪАРÆНТÆ ...Ахæм фарста мæм ис: мæн мæ чысылæй нырмæ уырны Чырысти, фæлæ ирвæзт дæн æмæ мын æнусон цард уыдзæн, -уый зæгъын мæ бон нæу. Мæ зæрдæ мæм нæ дзурыуый. Цæмæн?" Чырыстийыл æууæндын стыр хъуыдцаг у. Фæлæ цы загъта, ууыл æууæндын та - ноджы стырдæр хъуыддаг. Чырысти та афтæ загъта: „Хуыцау дунейы афтæ тынг бауарзта æмæ Йæ Иунæг Фырты дзыллæты сæрыл нывондæн æрхаста, цæмæй Йыл чи æууæнды, уыдонæй МАЧИ фесæфа, фæлæ цæра æнустæм" (Иоан. 3:16). Уырны дæ уæдæ, МАЧИ фесæфа, уыцы нымæцы Чырысти дæу дæр банымадта, уый? Кæд дæ уый уырны, уæд дæ къухмæ райс къарандаш æмæ дзырд „МАЧИЙЫ" сæрмæ дæ ном ныффыс. Кæд æмæ уый дæр æгъгъæд нæу, уæд бакæс уыцы сæргонды фæстаг стих: „Хуыцауы Фыртыл чи æууæнды, уымæн ис æнусон цард", - загъта Чырысти. Кæд дæ уый дæр нæ уырны, уæд бакæс 1Ин. 5:7-13. Уый.дæр дын куы нæ феххуыс уа, уæд дын ничи æмæ ницы баххуыс кæндзæн. Уырнындзинад æмæ æнкъарæнтæ - уыдон иу сты. Фыццаг уал баууæнд Чырыстийы уыцы ныхæстыл, стæй сæхи сæхæдæг амондзысты де ’нкъарæн- тæ дæр. Дæу та афтæ фæнды, Чырыстийыл не ’ууæндгæйæ дæм дæ зæрдæ куы сдзурид, æцæгдæр ирвæзт уыдзынæн, зæгъгæ. РАГОН ДИН „...Газет „Заря" мæнмæ арæх æрбадæттынц мæ хæлæрттæ. Æмæ кæд уыцы газеты уæ бон у ныммыхуыр кæнын, уæд ма мæ фарстæн дæр дзуапп радтут: фыццагдæр дин кæцы уыд: католик- ты æви православныты (ома сауджынты дин)? Мæхимæ гæсгæ сауджынты дин æппæты рагондæр у. Сымахмæ гæсгæ та?.. Нæ! Сауджынты дин нæу æппæты рагондæр. Æппæты рагон- дæр у муртатты дин. Уыцы диныл хæцджытæ фидарæй зæгъынц муртатты динæн йæ райдиан у, падцзах Навуходоносор æртæ 32
дзуттаг лæппуйы судзгæ пецы куы баппæрста, уыцы хабарæй равзæргæ. Дзутт сæхæдæг та лæуд сты ууыл, сæ дин райдыдта Авраамæй, уырнындзинад кæмæй райдыдта, уымæй, ома, æппæты рагондæр. Фæлæ мæнæ куыд загъта боцъоджын дзут- тæгтæн Чырысти: „Уæ фыд у хæйрæг", Авраам нæ, фæлæ (Ин. 8:44). Хуыцауы фыстæг та афтæ амоны: адæймаг уырнындзинад рахæссы, йæ фыдæлтæй нæ, фæлæ Библийæ, Хуыцауы Ныхасæй. Æцæг уырнындзинад равзæры, адæймаг Евангели кæсын куы райдайы, уæд. Йæ зæрдæмæ айсы Евангелийы ныхæстæ. „Уыр- нындзинад равзæры хъусæггагæй, хъусæггаг та - Хуыцауы Ны- хасæй" (Рим. 10:17). Историон уырнындзинад нæ, фæлæ Хуы- цауы Ныхæстæ зæрдæмæ куы бахизынц, хи уырнындзинад, - уый ирвæзын кæны адæймаджы. Æз мæхæдæг уырнæг сдæн 1948 азы 14 августы. Уыцы бон мæ бауырныдтой Евангелийы фыстытæ æмæ Чырыстимæ æрцы- дтæн, мæ тæригъæдтыл басастæн, æмæ мын сæ Уый ныххатыр кодта. Историон æгъдауæй кæцы дин у æппæты рагондæр, ууыл тæрхон æппындæр ницы пайда у. Чырысти загъта: „Хуыцауыл æууæндут", ома, Хуыцауæй цы амынддзинæдтæ райстат Еванге- лийы руаджы, ууыл, æндæр ницæуыл æмæ никæуыл. ЧИУЗНАГ? „Кастæн иу журналы де статъя „Чи у знаг?" æмæ æргом зæгъ- дзынæн, не знæгтæ сты дæ хуызæн сектанттæ. Адæм сеппæт дæр Хуыцауыл æууæндынц алчи йæхирдыгонау, дæу та фæнды, цæмæй Йыл æууæндой сымах хуызæн..." Йæ бæллæх дæр уый у, æмæ адæм Хуыцауыл сæхирдыгонау куыдфæндыйæ кæй æууæндынц, Хуыцауы Дзырд та афтæ амо- ны: „Хуыцауы уырнындзинад уæм уæд", Йæ Фыстæг куыд амо- ны, афтæ. Уый хауы алкæмæ дæр, мæнмæ дæр æмæ дæумæ дæр. Адæмæн сæ фылдæрæн ис иу Хуыцау - пайда Кæй фæрцы райсой, Уый. Сæ фылдæр та знагыл цæмæндæр нымайынц, 33
Чырыстимæ сæ чи здахы, уыдоны. Æцæгдзинадæй та æппæтæй тæссагдæр знаг у хи удмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсын. Сымах динмæ æмæ уырнындзинадмæ кæсут уæлæнгай цæстæй. Æмæ знагыл кæй нымайут, уый æцæгдзинадæй у уæ иузæрдион хæлар. Знаг кæддæридцæр йæ ныфс фæхæссы йæ тыхæй, æвзары йæ тых кæимæ æмæ цæимæ фæнды дæр. Сымахимæ та æз ныхас кæнын мыхуыры фæрцы, уарзын уæ æмæ уымæ гæсгæ мæ зæрдыл дарын апостол Павелы ныхас: „Æппæт дæр дæ къухы æфтæд уарзондзинады фæрцы" (1 Кор. 16:15). ЧИ У ЧЫРЫСТИ „...Абон æз бахаудтæн мæ дингæнæг æмбæлттæй иуы ахасты. Æмæ цæй тыххæй, æнхъæлут? Уæ Беседæты тыххæй. Æргомæй ма бæлвырд ныффысс, куыд æууæндыс æмæ кæуыл нымайыс Чырыстийы". Иттæг æхсызгонæй æххæст кæнын дæ курдиат. Евангелийы æууæндæг æппæт чырыстæтты хуызæн æз дæр æууæндын, уырны мæ, Чырысти кæй у нæ Хуыцауыхай, адæймаджы буар райста, уæларвæй нæм æрхызт тæригъæдтæ ныххатыр кæнынмæ. Æууæндын Библийы цы фыст ис, ууыл: „Чырысти амарди мах тыххæй, тæригъæдджынтæ ма куы уыдыстæм, уæд (Рим. 5:8). Мæн уырны, Чырысти у Хуыцауы Фырт, мæн Чи уарзы æмæ Йæхæдæг Йæхи байтындзынмæ Чи радта, мæн тыххæй, Уый (Гал. 2:20; 1 Тим. 1:15). Чырысти у æппæты Ирвæзынгæнæг дæр сæ тæригъæдтæй, чидæриддæр Ыл æууæнды, уыдонæн (1 Пет. 3:18; Рим. 6:23). Чы- рысти райгас æмæ удæгасæй ирвæзын кæны тæригъæдджынты. Уый у - Фæндаг, Æцæгад æмæ Цард. Афтæ æвдисы Йæхи, ахæм сты Йæ бæрæггæнæнтæ. Чырысти у, Йæ уарзондзинад Ын чи нæ нымайы, Йæ ирвæзынгæнæг тыхыл чи не ’ууæнды, уыдонæн тæр- хон Чи кæндзæн, Уый (Ап. хъ. 17:30-31). Гъе, уый уын цыбырæй мæ дзуапп мæ уды Ирвæзынгæнæг Иесо Чырыстийы тыххæй. 34
ЦÆМÆИ БÆРÆГ У? „..Æрæджы кастæнуæ ныхасуырнындзинадыл. Цыма алцыдæр раст у, афтæ. Фæлæ уырнындзинад у æрмæстдæр уырнындзинад. Уырнындзинад - зонындзинад нæу. Бирæ цæуылдæрты æууæндæм, бæргæ, хъуыддагæй та сæ уынæм æндæр хуызтьк Чи зоны, æмæ афтæ разына Хуыцауыл æууæндындзинад дæр?Мæн нæуырныХуы- цау, уымæн æмæ Йæ не ’мбарын. Цæмæй мæ баууæндын кæндзы- стут уæдæ, Хуыцау ис, уый? Фыццаджыдæр уымæй, æмæ ды, æнæхуыцау адæймаг уæвгæйæ, кæсыс мæ Беседæтæ, уыдон Хуыцауы тыххæй фыст кæй сты, уый зонгæйæ. Дæ уд йæхæдæг йæхи ’гъдауæй агуры Хуыцауы, кæд æй дæхæдæг нæ фиппайис, уæддæр. Дæ фарсты хуызæн бирæ æндæр кæйдæрты фарстæн радтон æз дзуапп мæ Беседæты. Æмæ та сæ ногæй рафæлхатын нымайын уæл- дай хъуыддагыл, аиппыл. Фæлæ цыбырæй уæддæр зæгъон мæ дзуапп. Хуыцау у Уд, уымæ гæсгæ Йæ цæстæй нæ уынæм. Сымахæй алчи дæр афтид буарæй конд нæу, фæлæ ма дзы ис уд дæр. Æмæ искуы федтай дæхи уды? Уæвгæ та да бон зæгъын нæу, айдагъ буар æмæ тугæй конд дæн, зæгъгæ. Кæд Хуыцауыл не ’ууæндыс, нæ Йæ æмбарыс æрмæстдæр уый тыххæй, уæд ма ахъуыды кæн, уæвгæ та цы æмбары адæймаг? Алы бон дæр хæрыс къæбæр. Æмæ цы у уыцы къæбæр? Æппындæр ын ничи ницы зоны. Афтæ мын куы зæгъай, къæбæры мидæг ис урсаг, æвзалыдæттæ æмæ крахмал, стæй ма ноджы æндæр цыдæртæ, уæд дæ мæ бон дæр у афтæ бафæрсын, æмæ уæд урсаг, крахмал æмæ æндæртæ та цы сты? Мах, зæххон адæм не ’мбарæм æрдзы мидис. Хуыцауыл æууæндын та дины хъуыддаг у. Æмæ кæд Хуы- цауыл не ’ууæндыс, Хуыцау дын нæй, уæд мын æнæмæнг куын- нæ уыдзæн хъыг. Мæхи уырны, Хуыцау ис. Зонын, мæ куывдæн дæр мын дзуапп дæтты. Уымæй дарддæр æвдисæнтæ та нæ хъæугæ дæр нæ кæны. Зæрдæбынæй мæ фæнды, уыдæттыл куы ахъуыды кæнис, уый. 35
ЧЫРЫСТИ ÆВИ САБАТ? „...Диссагæн дын кæсын дæБеседæтæ. Фæлæ дæм фарн бадзурæд, стыр, тынг стыррæдыд æруагътай, сабаты фæлладуадзæн бон кæй нæ кæныс, уымæй. Æмæ халысХуыцауы æвæрд закъон". Цы амоны уæдæ, сабат фæлладуадзæн боныл нымайын? Ды фыссыс: „Сабаты кæнын хъæуы æхсызгон кæнинæгтæ, хæлары хъуыддæгтæ". Уæвгæ та, æвæдза, чырыстон лæг хæлары хъуыд- дæгтæ хъуамæ кæна канд сабаты нæ, фæлæ æрвылбон дæр, стæй æрмæст дæр хæлары хъуыддæгтæ. Сабат фæлладуадзæн бон скæныны закъон лæвæрд уыд израилæгтæн, фæлæ йæ ничи æххæст кодта. Закъонæй рабæрæг сæ тæригъæд дзуттæгтæн, мæнæ айдæнмæ кæсгæйæ, цæсгомы аиппытæ куыд разынынц, афтæ. Сраст кæнын та сæ никæйы бон вæййы. Мах зонæм, дины бындурыл цæуын йæ бон нæу, йæ тæригъæдтæй чи не ’ссыгъдæг, уыцы адæймагæн, афтæ амоны (Рим. 7:14). Тæригъæдтæй сæрибаргонд адæймагта, ноггуырдау, (Ин. 3:7) æрвылбоны царды æххæст кæны Чырыстийы закъон, Моисейы закъонæй уæлдæр уæвгæйæ. Уыцы закъонæн йæ хъуы- ды та ахæм у: „Бауарз, дæхи хуызæн, иннæты дæр". Фæлæ Израиль сабаты æгъдау не ’ххæст кодтой, растдæр зæгъгæйæ, нæ сын уыд уый æххæст кæныны фадат (Иез. 22:8; Рим. 3:10-31). Йæ иу ныхасы Чырысти иннæ фæдзæхстыты хуызæн раст бамбарын кодта, сабат цы амоны, уый. Æмæ æппæт æгъдæутты æмрæнхъ сабат бæрæгбоныл нымайын Хуыцауы Фыстæг уайдзæфаг фæкодта. Ахъуыды ма кæнут мæнæ ацы ныхæстыл: „Закъоны кæрон у Чырысти" (Рим. 10-4). Закъонæй æз амар- дтæн закъоны тыххæй" (Гал. 2-19). „Закъон у Чырыстимæ фæндаг амонæг" (Гал. 3:24). УЫЙ МÆНГ УЫРНЫНДЗИНАД НÆУ „...Де ’мдзæвгæтæ æмæ дæ радзырдтæ мæ зæрдæмæ тынг цæуынц, иуæй-иуты дзы цалдæргай хæттыты дæр бакæсын. Фæлæ 36
дæ Беседæтæ бынтондæр дины уагыл фыст сты, дины кой йедтæмæ сæ ницы ис. Адæмы хъæуы æцæг рухсады уацмыстæ, дины хабæрттæ нæ, фæлæ. Ды та ууыл лæуд дæ, цыма Хуыцау æцæгдæр æппæт дуне æхсæз бонмæ рафæлдыста..." Поэзи гæдыныхас нæ уыромы, æмæ чи зоны, уый тыххæй дæр цæуынц дæ зæрдæмæ ме ’мдзæвгæтæ. Беседæтæн та сæ хъуыддаг афтæ у, æмæ дзы мисхал дæр нæй мæнгдзинад. Уыдон дæр фыссын мæ зæрдæйы уидæгтæй, æмдзæвгæтæ куыд фыссын, афтæ. Евангелийы бындурыл арæзт, Чырыстийы фарныл арæзт уырнындзинад куыд схонæн ис рагон таурæгъ, кæд æмæ у ирвæзынгæнæг тых. Мæ Беседæты хынцын Хуыцауы Фыстæ- джы амындзинæдтæ æмæ фыссын уыдоны бындурыл. Цыбыр дзырдæй быцæуы нæ цæуын Библиимæ, фæлæ æвдисын, царды æцæгдзинад цы у, уый. Зæгъæм, дæу нæ уырны, Хуыцау æппæт дуне æхсæз бонмæ рафæлдыста, уый. Мæн та нæ уырны, æрдзæй равзæрд, уый. Уæд æрдзæн йæхи та цымæ чи равзæрын кодта? Ацы ран цымæ растдæр нæ уаид Хуыцауы Ныхасыл баууæндын, дуне дæр æмæ æрдз дæр Хуыцауы рафæлдыст сты, зæгъгæ, ууыл. Куыд хъуамæ рафæлдыста уæдæ æрдз йæхæдæг йæхи?! Дунейыл хъуыстгонд биолог Конклин афтæ загъта: „Цард æнæнхъæлæджы равзæрд, зæгъгæ, уый абарæн ис ахæм хъуыддагимæ: кæд æмæ æнæн- хъæлæджы срæмыгъдæй типографийы мидæг энциклопеди фæзындзæн, уæд цардæн дæр фæзынæн ис афтæ æнæнхъæ- лæджы". ТЫХ ÆМÆ КУЫРЫХОН ЗОНД „...Цыдæриддæр у, уæддæр бирæ адæм фæдызæрдыг сты Хуы- цауыл наукæйы ног диссæгты æмæ космосмæ атæхыны фæстæ. Атомы æвирхъау домбай тыхмæ дзыллæ сæ хъус адардтой Хуы- цаумæ кувынæй тынгдæр. Хуыцауы хабæрттæ æнцондæрæй æм- барæн кæнæн кæмæнуыд, æппындæр чи ницы зыдта, уыцы адæмæн ныр та æндæр дугралæууыд æмæ зын бауырнæну Хуыцау..." 37
Наукæйы ног диссаджы хабæрттæ фæдызæрдыг кодтой, Хуыцауыл фидар чи не ’ууæндыд, уыдоны. Кæй та ноджы тынгдæр бауырныдта Хуыцау, уыцы ног диссæгтæ Хуыцауы фæндæй сты, зæгъгæ, афтæ хъуыды кæнгæйæ. Чырысти Йæ къухмæ райста æрдзы æппæт хъарутæ, цардæн сæ спайда кæны- ныл дзыллæтæ хъайтарæй кæуыл кусынц, уыдон. Адæймагæн Хуыцау бирæ хъару дæтты, фæлæ Хуыцауæй уæлзонд нæ райсгæйæ, уыцы хъаруйæн йæ бон у адæймаджы баныгæнын цивилизацийы хæлддзæгты. Самсон тынг домбай лæг уыд, фæлæ бафынæй сылгоймаджы хъæбысы æмæ бæс- тæ фесæфт. Хъару æмæ зонд кæрæдзи аккаг куы нæ уой, æмдыхæй куынæ архайой, уæд адæймаг никуы никæцыран рацæудзæн уæлахизæй. Хъаруйæн йæ бон у стыр бæллæхтæ бакæнын, адæймаг æй рæстырдæм куынæ сараза, уæд. ÆР- МÆСТДÆР Йесо Чырыстийы фæрцы дæтты адæймагæн хъару æмæ зонд нæ рафæлдисæг Стыр Хуыцау. Апостол Павел Чырыстийы хоны Хуыцауы хъару æмæ Хуыцауы куырыхон зонд (1Кор. 22:24). Уый чи нæ зоны, уыцы адæймаг ницы æмбары. ФАРСТА НÆ, ФÆЛÆ КОММЕНТАРИТÆ „...Цасфæнды дæр фыссут уæ Беседæтæ. Фæлæ уын уый зæгъи- наг дæн, динæй цыдæриддæр ис азæххыл, сеппæт дæр ирвæзын- гæнæг фæрæз сты, адæймагæн Хуыцауæй цы лæвæрд ис, уый куы æххæст кæна, уæд. Дæ дин æндæрæй ивын та, гæрз мæцъæй баивæгау, ницыуæлдай пайдау..." ТЫНГ раст зæгъыс: дин динæй ивын никæцырдыгæй хъæуы. Куы йæ аивай, уæддæр цы дæ, уымæй баззайдзынæ, ничи дæ фервæзын кæндзæн дæ тæригъæдтæй. Евангели æз ахуыр кæнын 16 азы æмæ мæ бауырныдта, иунæг дин дæр, уыимæ чырыстон дæр йæхæдæг йæхи æгъдауæй нæ ирвæзын кæны адæймаджы. Ирвæзынгæнæг нæу аргъуан дæр. Ирвæзын кæны æрмæстдæр Чырысти. Хуыцау зæхмæ рар- 38
выста дин нæ, фæлæ Чырыстийы, цæмæй чи Йыл æууæнды (хъу- сут!), уый ма фесæфа, фæлæ йын уа æнусон цард (Ин. 3:16). Динтæ сеппæт дæр адæймаджы ирвæзынгæнджытæ куы уаиккой, уæд ма Чырысти цæмæ æрхызтаид зæхмæ, стæй барвæндонæй цæмæн бауагътаид Йæхи дзуарыл байтындзын тæригъæдджынты къухæй. Чырыстийы размæ дæр бирæ динтæ уыд. Æмæ дзы иунæг райдыдта Авраамæй, куыд дины сæрæвæ- рæг. Фæлæ йæ фарсхæцджытæн Чырысти загъта: „Уæ дины сæрæвæрæг у дæлимон, хæйрæджыты паддзах" (Ин. 8:44). Дин йæ бирæ амындтытæ æмæ æгъдæуттимæ никуыма никæйы фервæзын кодта, стæй йæ бон дæр нæу ирвæзын кæнын. Адæм иу ахæм æмбисонд фæхæссынц: „Æппæт фæндæгтæ дæр цæуынц Риммæ". Фæлæ никуы фендзыстут Рим, æнæ картæйæ æмæ æнæ компæсæй куы абалц кæнат, уæд. Ам фæн- даггоны картæ у Библи, компæс та - Сыгъдæг Уд. Уыдон уын баххуыс кæндзысты ирвæзынгæнæн иунæг æцæг фæндаг ссарын, Чырыстимæ фæндаг ссарынæн. Бирæ сты дины алыхуызон амындтæ, бирæ аргъуантæ ис зæххыл, фæлæ æцæгад у зыбыты иунæг. Агурут æцæгады æмæ йæ ссардзыстут, агурын та йæ хъæуы, Хуыцауы Ныхас дæ къухы даргæйæ. Æмæ уæхи куы раиртасат, куыд тæригъæдджын стут, æмæ куыд сæфут, уый, уæд Чырыстимæ бахатут æмæ уын уæ тæригъæдтæ ныббардзæн. Æрмæст уæд бамбардзыстут, дунейыл кæй ис ИУНÆГ ирвæзынгæнæг уырнындзинад. Уый у Чырысти (бакæсут Ап.хъ. 16:30). Мæ ныхас фæуыдзынæн апостол Иоан- ны ныхæстæй: „Адæттæ æз ныффыстон сымахæн, Хуыцауы Фыртыл чи æууæнды, уыдоны кадæн, цæмæй ЗОНАТ, Хуыцауы Фыртыл æууæндгæйæ уын кæй ис æнусон цард (1 Ин. 5:13). ЦЫ ФЕСТЫ, ЧИ РАЙГАС, УЫДОН? „...Фыст ис, зæгъæ, дам, Чырысти куы райгас, уæд ма мæрдтæй чидæртæ дæр рацыд, сыстадысты сæ ингæнтæй æмæ Иерусалимы кæйдæрты бабæрæг кодтой. Куыд мæ хъуамæ баууæндын кæнат уыцы хабарыл? Цы фесты уæдæ, чи райгас, 39
уыдон? Æвæццæгæн цардысты, цардысты, стæй та ногæй амар- дысты?.." Ничи никæйы баууæндын кæндзæн тыххæй. Æууæндын - алкæмæн йæхи уды хъуыддаг у. Дæ фарстæн Хуыцауь* Фыстæджы ницы дзуапп амынд ис, фæлæ мах, ома, уырнджытæ уыцы хъуыддагмæ кæсæм (Ин. 12:24), куыд амоны, ахæм цæстæй. Чырыстиимæ чи райгас, уыдон сивгъуыдтаиккой уæлæрвтæм. Чи зоны уыцы хабар ком- коммæ баст у Ефес. 4:8-10. Цыбыр дзырдæй мах уый базондзыстæм не ’нусон царды. Фæлæ ды куыд цæхгæр ныллæууыдтæ, уый тæссаг у. Дæ хъуыды аив уыцы хабары фæдыл æмæ баууæнд, Чырыстийы, райгас уæвгæйæ, чи федта, уыдоны æвдисæйнæгтыл. „Уырнындзинад, æууæндын худинаг нæ у". „ЦÆМÆЙ БÆРÆГ У УЫЙ?" „...Ды бирæ цыдæртæ фыссыс Хуыцаумæ кувджытæн. Æз та - æнæхуыцау дæн. Цæй фæрцы дæ бон у мæн бауырнын кæнын, зæхх æмæ æппæт дуне дæр Хуыцауы рафæлдыст сты, уый? Кæцæй дæм æрцыд уыцы хьуыды? Цæмæн бахаудтой адæм уырнындзинады уацары, кæд æмæ йын ницы æвдисæн ис, афтæ уыд, æви нæ! Чи йæ федта? Чи сты, кæм сты йе ’вдисæнтæ?" ÆЗ НИКУЫ агуырдтон æвдисæйнæгтæ, зæхх æмæ дуне Хуы- цау рафæлдыста, зæгъгæ, уымæн. Мæн æнæ уæлдай ныхасæй бауырныдта. Дæу бон дæр ницы мадзалæй равдисын у, æнæм- баргæ, æнæ уд æрдзæй удæгас æмæ æмбаргæ дуне равзæрд, уый. Уырны дæ, афтæ уыдаид, зæгъгæ? Æнхъæлыс æндæр никуыд уыдаид? Фæлæ ницы мадзалæй бауырнын кæндзынæ искæйы, æцæг афтæ уыд, æви нæ... Куыд дын баххуыс чындæуа, ме ’нæзонгæ хæлар? Дæ цæстытыл ауайæд ахæм ныв. Зæгъæм, ис дæм мыхуыр- гæнæн машинкæ æмæ мæм ууыл ныммыхуыр кодтай писмо. 40
Райстай машинкæ дæ къухмæ, райхæлдтай йæ хицæн хайгай, фæхицæн кодтай алы лæсгæр, алы згъæрæвдузæн (болтик), алы хъандзал (пружинæ). Стæй сæ æмхуызонæй ныккалдтай гæрз- тæхсæн машинæйы æмæ йæ скусын кодтай, зæгъæм иу къуы- рийы бæрц. Къуырийы фæстæ бауырæдтай машинæ йæ куыс- тæй, байгом ын кодтай йæ сæр æмæ кæсыс... æмæ уыныс, дæ мыхуыргæнæн машинкæ рагæпп ласта æмбырдгондæй, алы хай дæр дзы ссардта йæ бынат, йæ дамгъæтæ, сеппæт дæр кусынц нывыл, куыд сын æмбæлы, афтæ... - Ахæм хабарæн уæвæн нæй! - ныхъхъæр кæндзынæ æваст. - Дæ бон у гæрзтæхсæн машинæ милуан азы здухын, фæлæ дзы мыхуыргæнæн машинкæ æмбырдгондæй, ифтонгæй никуы рахаудзæн. Ам хъæуы зонд, - зæгъдзынæ ды. Æмæ раст зæгъдзынæ, мæ лымæн. Зонд дзы хъæуы, стæй хуымæтæджы нæ, фæлæ тыхджын сæры зонд. Ныр бафæлвар уæдæ ахæм уагыл ноджы вазыгджындæр механизмыл ахъуыды кæнын, ома, дунейыл. Уыцы „машинæ", ома, дуне, арæзт у миллиардгай хæйттæй. Æмæ сеппæт дæр кусынц, сойæ сæрстау, лæгъз, кæрæдзиуыл бастæй, æнæкъуы- лымпыйæ, бæлвырд гаччы бадгæйæ, æккацæй æккацмæ. Милу- ангай стъалытæ, хуртæ æмæ хурзæринтæ (уыдонимæ нæ зæхх дæр, мæнæ нæхæдæг кæуыл цæрæм, уый) зилынц алчи йæхи зил- лаккыл, дæсгай æмæ сæдæгай мин километртæ секундмæ гæпп кæнгæйæ. Цы диссаджы бæлвырд æнæкъуылымпы зилдух у уæдæ уый! Куыд хъуамæ не ’ууæндон æз Хуыцауыл уыцы дис- сæгты фæстæ, куыд мæ хъуамæ нæ уырна Хуыцауы æнæмбал стыр зонд, Йæ æрдхæрыны домбай хъару æмæ тых! Уырнгæ дæр мæ нæ кæны æмæ мæ цæстытыл дæр нæ уайы, æнæ Хуыцау куыд хъуамæ фæзындаид цард? Уæдæ дæ бон куыд у уыдæттæ ницæмæ дарын! Ноджы диссагдæр та уый, æмæ Хуыцау канд æрдзы мидæг не ’вдисы Йæхи: „Уæлæрвтæ хъусын кæнынц Хуыцауы кад", - цины дзырд кæны пахуымпар Давид, фæлæ Хуыцау Йæхи æвди- сы Йæ Фырт - Йесо Чырыстийы мидæг. Ноджы тынгдæр та - Йæ алæмæты чиныг - Библийы. Стæй канд Йæхи нæ, фæлæ адæймаджы дæр йæ уды мæлæтдзаг уавæры. Ноджы фылдæр та 41
æвдисы: уыцы сæфты уавæрæй куыд фервæзæн ис, уый. Куы мæ бафæрсат „куыд", зæгъгæ, уæд уын дзуапп ратдзынæн Хуыцауы Фыстæджы ныхæстæй: „Æууæнд дæ Хуыцауыхай Йесо Чырыс- тийыл æмæ уыдзынæ ирвæзт" (Ап.хъ. 16:31). РАЗЫ ДÆН „Абон сфæнд кодтон мæ сусæг хъуыды схъæр кæнын: рагæй мæ фæнды демæ лæгæй-лæгмæ аныхас кæнын, Хуыцау ис, æви нæй, уый тыххæй. Сымах æдылытыл нымайут, æвæццæгæн, мах къорды, ома, æнæхуыцæутты. Уæвгæ та нæ уынут, æнæхуыцæуттæ ахуыргонд кæй сты, суанг æнæхъæн зæххы къорийыл йæ ном хъуыстгонд кæмæн у, ахæмтæ дæр дзы кæй ис, уый. Мæныл цæуы 67 азы æмæ дзы дыууиссæдзы бæрц уыдтæн диныл баст, фæлæ æрцыдтæн ахъæм хъуыдымæ; Хуыцауыл æууæндын - у талынг- дзинад..." Разы дæн дæ фæндоныл. Пенсионер кæй дæ, уымæ гæсгæ дæ куыст нæ бакъуылымпы уыдзæн, мыййаг, æмæ мæм æрцу. Уæд аныхас кæндзыстæм лæгæй-лæгмæ. Сымах, ома, æнæхуыцау адæмы æз æдылытыл нæ нымайын, фæлæ уæ Хуыцауы Фыстæджы хонынц æнæсæрфат адæм, дины куыст сæдæ азы куы кæнай, уæддæр. „Æнæзонд загъта йæ зæр- дæйы: нæй Хуыцау" (Пс. 14:1). Æвæццæгæн, уыцы æнæхуыцау адæймаг дæр Хуыцауы 30 азы бæрц фæцагуырдта, чи зоны, уымæй дæр фылдæр. Агуырдта, фæлæ йæ не ссардта. Чи зоны уыди астроном, Хуыцауы агуырдта планетæты æхсæн тыгъдады. Чи зоны, æмæ уыди бæстæйыл зилæг бæлццон, турист, Хуыцауы агуырдта Иерусалимы, искуы сусæг бынæтты, паддзахы галуан- ты, аргъуанты, агуырдта Йæ алы бæстæты æмæ зæххыты, алы адæмты æхсæн... Æмæ не ссардта Хуыцауы. Æмбарын ын йæ хъыг. Дызæрдыг нæ кæнын ууыл дæр, æмæ уыцы æнæхуыцау адæймаг кæй уыдаид хæрзахуыргонд йæ рæстæджы. Афтæмæй йæ уæддæр Хуыцауы фыстæджы хонынц æнæзонд. Фыстæг та нæ рæдийы. 42
Агуырдта, мæгуырæг, Хуыцауы планетæты æхсæн уæлæрвты, фæлæ нæ ахъуыды кодта, чи рафæлдыста планетæ. Советон кос- монавттæй чидæр пресс-конференцийы рахабар кодта, зæххы алфамблай тæхгæйæ, агуырдта Хуыцауы, фæлæ дзы æгæр- мæгуыр иу зæдыл дæр нæ амбæлд, зæгъгæ. Америкаг космонавт та, адæммæ æрыздæхыны разæй Хуыцаумæ бакуывта æмæ цæсты бафтыдта сенатортæй æмæ конгрессментæй бирæты: уый уæларвон тыгъдады Хуыцауы федта зæххæй бæлвырддæр æмæ хæстæгдæр, Уый федта Хуыцауæн йæ алæмæты сфæлдысты æмæ йæ уыдон бафтыдтой дисы. Уый баууæндыд Хуыцауыл. Советон космонавттæ та ахæм хуызы нæ акастысты уæларвон тыгъдад- мæ, зæххы алфамблай зиллакмæ æмæ йæ нæ бамбæрстой. Хуыцауы ссарыны тыххæй алы бæстæтыл зилын нæ хъæуы, нæ дзы хъæуы стратосферæмæ тæхын дæр. Хуыцау буар нæу, фæлæ уд у. Æмæ æппæт дуне дæр Йæ удæй дзаг кæны. Апостол Павел афтæ зæгъы: „Хуыцау æввахс лæууы махæй кæмæдæри- дæр" (Ап.хъ. 17:27). Адæймагæн йæ бон у Хуыцауæй дард ацæуын. Фæлæ Хуыцау дард нæу махæй алкæцыйæ дæр. Хуы- цауы фæнды махæй алкæйы мидæг дæр уæвын. Мæн уырны Хуыцау, уымæн æмæ æрвылбон дæр æмбарын Йæ тæваг, Йæ ахъаз мæ удыл. Æмæ æз иунæг ахæм нæ дæн. Мах бирæ стæм, милуангæйттæ, Хуыцауыл æууæндæг адæм. Фæфæсмон кæн, мæ хур, ныры онг кæй не ууæндыс Хуы- цауыл, уый тыххæй æмæ кув, Ефрем Сирин куыд куывта, афтæ: „Вселись в ны и очисти ны от всякие скверны", ома, мæ зæрдæмæ ныххиз æмæ мын мæ уд асыгъдæг кæн алы æнаккаг- дзинадæй. Хуыцау бакæндзæн уыдон иууылдæр Йесо Чырыс- тийы фæрцы, зæрдиагæй фæсмон куы фæкæнай, уæд. Æмæ кæй кой кæныс, уыцы æнæхуыцау стыр ахуыргæндтæ дæр дæ уавæры сты. Фæзмын та дæ хъæуы, Хуыцауы чи уыны зæрдæйæ, æнæмæлгæ æнусон уды цæстæй йæм чи кæсы, кæм- дæриддæр æмæ йæ цæмдæриддæр чи æнкъары, чи Йыл æууæнды æмæ Йæм чи кувы, уыцы стыр ахуыргæндты. Ахæмтæ адунейыл дзæвгар фылдæр ис æнæхуыцау ахуыргæндтæй. Фæлæ уыдонæй иунæг дæр куы нæ уаид, уæддæр Хуыцау цы у, уымæй баззаид, ницы дзы аивид. Хуыцау уыди, ис æмæ уыдзæн æнустæм! Мах 43
Ыл не ’ууæндæм, уымæй ницы ивд цæуы, Хуыцау куыд у, афтæмæй лæудзæн, ницыхуызон фæуыдзæн, нæ фесæфдзæн. Мах та, ома, Хуыцауыл æууæндæг адæм фæзмдзыстæм па- хуымпар Аввакумы, афтæ чи загъта: „Иунæг бæлас дæр дидинæг куы нæ ракала, æмæ сæнæфсирдæттæ иунæг пуцал дæр куынæ радтой, хуымзæххытæй хойраджы номыл иу хал дæр куынæ схауа, дзуггы иунæг фыс дæр куы нæ уал уа, æмæ скъæты иунæг стур дæр, - уæддæр мæ зæрдæйы рухс нæ фæмынæгдæр уыдзæн, мæ цин нæ фæкъаддæр уыдзæн мæ ирвæзынгæнæг Хуыцауыл" (3:17-18). КУЫДБАМБАРÆНИС? „...Знон мæ цардæмбалимæ рынчындоны бабæрæг кодтам нæ хæстæджы. Машинæ йæ скъуырдта æмæ фæцæфтæ. Царды мидæг амондхъуаг адæймаг, кæд тынг куваг у, уæддæр. Дзургæ та афтæ фæкæны: „Хуыцау кæй уарзы, уый æфхæргæ дæр акæны". Кæцæй райста хуымæтæджы лæг ахæм хъуыды? Куыд æй бамбарæн ис?" Уый философи нæу, фæлæ у Хуыцауы æвæрд закъон: „Кæй уарзын, уыдонæн уайдзæф дæр кæнын æмæ æфхæргæ дæр. Уæдæ уæд æрфæсмон кæн дæ тæригъæдтыл" (Откр. 3:19). Афтæ зæгъы Хуыцау. Куыд æй бамбарæн ис? Тынг æнцонæй, хуымæтæджы хъуыддæгтæй. Дзырдæн æрхæсдзыстæм, царды чи ’рцыд, ахæм чысыл хабар: Иу кæддæр америкаг бæлццон, алы бæстæтыл зилæг Сирийы фембæлди хуымæтæджы фиййауыл æмае балымæн йемæ. Фий- йау алы райсом дæр ног тынд цъæхгæрдæг хаста йæ фысæн, йæ къах саст кæмæн уыд, ахæм фысæн. - Мæ уарзон фыс у ай, - загъта фиййау. - Æмæ йæ къах куыдæй асаста? - бафарста бæлццон. - Сæтгæ йын æй мæхæдæг акодтон... - Дæхæдæг ын æй дæхи къухæй асастай? Æвæццæгæн æнæнхъæлæджы? - Цæвиттон, уыцы фыс дзугæй цух кодта æдзухдæр æмæ ма- иу иннæ фыстæй дæр йæ фæдыл адзæгъæл иу цалдæр. Стæй аба- 44
бау... йæхимæ мæ хæстæг никуы уагъта. Бирæгътæ йæ æнцонæй ацахстаиккой кæмдæриддæр. Æмæ йæ æрмахуыр скæнын мæ бон æндæр ницы мадзалæй уыд, йæ къах ын мæхæдæг асастон. Ныр æрсабыр, æрæнцад æмæ йын холлаг мæхи хæссын бахъуыд. Мæхи фыс нæу, уæдæ йын чи хæсса цъæхгæрдæг? Уæларвон Фиййау уарзы йæ фысфосы, зоны сæ номæй номмæ дæр ма, арæхсы сæ хизынмæ, æмбары, Йæ коммæ цæмæй кæсой, уыцы æгъдæуттæ. Цыбыр дзырдæй, дæ хæлары „филосо- фи" арæзт у Хуыцауы Ныхасы уагыл. ХЪАЗГÆ КÆНУТ ÆВИ ÆЦÆГ ДЗУРУТ? „...Мæ сагъæс у мæнæ иу ахæм фарстайыл. Бирæ хæттыты фыстат, адæймаг Чырыстимæ хъуамæ æрцæуа йæхæдæг йæхи зондæй, æнæ искæйы ахъазæй, æнæ минæварæй. Куыд баууæнды- дæуаууыл, кæд æмæ хуымæтæджы хицауады уæнгмæ дæр æнæ хъу- зонæй бахауын дæ бон нæу, гъе, президентыл нал дзурдзыстæм, фæлæ; сымах та мæ тыххæй уырнын кæнут: Хуыцаумæ бахауын дæ лымæнмæ цай ацымынмæ бауайынæй уæлдай нæу, зæгъгæ: бай- гом кæн дуар æмæ барасрху... Куыдмæ бауырнауыйГ Куыд дæ бауырна, куы зæгъай, уæд тынг æнцонæй, дæ зæрдæмæ Йæ арф куы айсай, уæд. Дæ хион дыл, чи зоны, æмæ дуар дæр ассона, фæлæ Чырысти афтæ никуы бакæндзæн. Уый Йæ дзырд никуы фæсайдта, стæй никуы фæсайдзæн. Зæгъгæ та мæнæ афтæ кодта: „Æрцæут Мæм иууылдæр, фыдæбонгæн- джытæ æмæ тыхстытæ, Æз уын уæ зæрдæ барæвдаудзынæн" (Мф. 11-28), МÆНМÆ æрбацæуджыты никуы атæрдзынæн". Æмæ мæ дæу бафæрсын фæнды: кæуыл дæ нæ фæнды æууæн- дын? Цы дæ нæ уырны? Чырысти? Æмæ зæрдæвæрæг Йæхæдæг куы у! Зæххон паддзæхтæ, президенттæ, сенатортæ цыбырзонд адæм сты. Чи зоны, æмæ сæ-иу фæндгæ дæр кæнид, чи сæм æрцæуы, уыдон сеппæты дæр райсын, фæлæ уый сæ бон нæу, рæстæг сын нæ фаг кæны, стæй æдас дæр не сты, „æрбацæуджы- тæй" сын исчи сæ сæртæ куы акъуыра, мыййаг. Чырысти та 45
хуымæтæджы адæймаг нæу, фæлæ Хуыцау. Уымæ гæсгæ дæ неууæндыны тыххæй дæ ныхæстæ æмæ дæ хъуыдытæ аргъæут- тæй уæлдай не сты æмæ мæм афтæ дæр фæкаст: Кæд миййаг, хъазгæ кæныс мæнæй? ÆМÆ ТА НОДЖЫДÆР УЫЦЫ ХЪУЫДДАГЫЛ „...Ацы фарста ма уæм арвыстон иу 4 азы размсе. Дзуапп мын радтат газеты, фæлæ хæрз цыбырæй. Мæн та фæнды, динтæй растдæр кæцыу, уый тыххæй фылдæр базонын". Дæ фарсты фæдыл адæм æнæхъæн чингуытæ фыссынц, фæлæ æз бафæлвардзынæн ноджыдæр ма иу хатт уый цыбырæй бамбарын кæнын. Æппæтæй растдæр дин уый у, адæймаджы растдæр фæндагыл чи аразы, хуыздæр æй чи кæны. Цыбыр дзырдæй растдæр уыцы дин у, адæймаджы ахастдзинæдтæ Хуыцауимæ растдæр чи ара- зы, тæригъæдцжыны фæсмоны фæндагмæ чи æркæны æмæ йын ныфс чи бавæры йæ рæдыдтытæй ссыгъдæг кæныны тыххæй, уыимæ та йæ фервæзын кæныны тыххæй. Раст дин адæймаджы цард ивы рæстырдæм, хуыздæрырдæм, тызмæг фыдыздыхт адæймаг куыдфæстæмæ свæййы хæларзæр- дæ, чъындыгопп та - рæдау, фыд-зæрдæ карз адæймаг раст дины фæрцы æрфæлмæн, æрчырыстон вæййы. Чырыстон диныл кусæг англисаг Вильям Пен кæддæр афтæ загъта: „Фæлмæнзæрдæ, коммæгæс, хæрзæгъдау, рæстдзинадуар- зæг, рæдау æмæ искæйы рис кæмæ хъары, уыцы адæмтæ иууылдæр сты иу диныл хæст, иу диныл æууæндæг". Мæнмæ гæсгæ дæр афтæ. Дæумæ гæсгæ та? ЦЫ НÆЙ, УЫМÆН УÆВÆН НÆЙ „...Æрæджы мæ ныхас кæнын бахъуыд иу католикон монахимæ. Уый куыд загъта, афтæмæй тæригъæдтæй мæрдты бæсты сыгъ- 46
дæгуæвынæн æгъгъæд сты Чырыстийы ныхæстæ Евангелийы (Мф. 12:33). Афтæ бамбарæн исуыцы фыстæн? Евангелийы иунæг ныхас дæр нæ цæуы, адæймаг йæ тæригъæд- тæй мæрдты бæсты ссыгъдæг уыдзæн, ууыл. Кæнæ цавæр тæри- гъæд хатыргонд цæуы мæрдты бæсты, стæй цавæр нæ цæуы?" Тынг диссаг мæм фæкаст, Сыгъдæг Фыстæджы ныхæстæ афтæ гуымиры зыгъуыммæ фæлдæхт фæкæн, уый. Ахæм фыдкой Сыгъдæг Уд нæ ныххатыр кæндзæн нæдæр ныры æнусы, нæдæр фидæны. Цæмæн, зæгъгæ куы бафæрсат, уæд уый тыххæй æз фыстон æндæр чингуыты æндæр фарстаты фæдыл. Мæрдты бæсты тæригъæдтæ хатыр кæныныл иунæг ныхас дæр нæ цæуы Евангелийы. Тæригъæдтæ уæлæуыл, зæххыл цæргæйæ ныххатыр кæныныл та дзурынц мингай тексттæ Сыгъдæг Фыстæджы. II РАГОН ÆМÆ НОГ ФÆДЗÆХСТЫ ЧИНГУЫТÆ ЕВАНГЕЛИ „ДЗЫЛЛОН" ЧИНЫГ НÆУ, ЗÆГЪГÆ, УЫЙ ТЫХХÆЙ „Сымах фыссут, Евангели адæмæн базонын кодта Чырыстийы æмæ сын ныфсы хос у сæ фервæзын кæнынæн. Уæдæ æппæт дзыл- лæйы æхсæн зындгонд чиныг цæуылнæ у, куыд ын æмбæлид, афтæ? Цæмæн агурынц адæм æндæр фæндæгтæ, дунейы йæ хъизæмæр- дтæй фервæзын кæнынæн, Евангелийы фæндагыл æрлæууын та сæ æппныдæр нæ фæнды?" СÆЙРАГ аххос уый мидæг ис æмæ Хуыцау адæймагæй домы æнæтæригъæд уæвын (Мф. 5:8; Евр. 12:14; 1 Пет. 2:7-9), адæм та нæ фæразынц сæхи уыромын æнæ тæригъæд ракæнгæ. Тæри- гъæд дын дæ зæрдæ куы фехала, уæд нал дæр Хуыцауы бауарз- дзынæ, нал дæр Ын Йæ ныхасмæ байхъусдзынæ, нал дæр дæхио- 47
ныл бацауæрдцзынæ, уымæн æмæ æцæг уарзондзинад цæуы СыгъдæгУдæй (Гал. 5:22). Чырысти цы дунейы райгуырд, уым хорзыл нымадтой æрмæст гуымиры тых, алцы дæр уый фæрцы кæнын, æмæ гъе, уæнгдыхы хъаруйæн кодтой аргъ, æндæр ницæмæн. Чырысти та ацы дунемæ æрцыд уарзондзинадимæ, æрмæстдæр уарзондзина- димæ. Ууыл та дуне æппындæр ахуыр нæу! Æмæ абоны онг дæр адæм аргъ кæнынц уарзондзинадæн нæ, фæлæ гуымиры тыхæн. Хæрзаудæн кæнын æмæ барын не ’мбæрстой муртаттæ. Стæй сæм ныр дæр уыдон кадджын не сты. Ахæм ахъаззаг миниуджы- тæ нымады не сты, йæхи чырыстон чи хоны, уыдонæй дæр сæ фылдæрмæ. Уыцы хъуыддаджы æнæхуыцау Хрущёвæй дарддæр нæ ацыдысты. Хрущёв Парижы куы уыд, уæд афтæ загъта: „Мах алцæуыл дæр разы стæм, Чырысти кæй зæгъы, уыдæттыл, фæлæ разы не стæм Йæ ахуырадыл, афтæ кæм амоны, ома, дам, дæ рахиз æхсæрфарс дын куы ныцавдæуа, уæд æм галиу дæр бадар". Цы гæнæн ис, алчи йæхи ’рдыгонау хъуыды кæны, кæй куыд фæнды, афтæ. Нæ дæ фæнды Чырыстийы амындыл разы уæвын, нæ дæ фæнды барын, хатыр кæнын, уарзондзинады руаджы дæ хæра- мы сæттын - дæ бар дæхи, тох кæн, куыд дæ фæнды, афтæ. Фæлæ хæйрæгæй фæстæмæ афтæмæй исчи исты рамбула, уый æнхъæл нæ дæн. Хæст стыр зиантæ æмæ хъизæмæрттæ æрхæссы уæлахи- здзауæн дæр æмæ састы бынаты чи баззайы, уымæн дæр. Фидæ- ны хæсты та, æвæццæгæн, нал уыдзæн нæдæр уæлахиздзау, нæдæр саст тыхтæ. Уыдзæн дзы æрмæстдæр, чи аирвæзт, уыдон æмæ чи фæцагъды, уыдон. Евангели ма „кадджын" уымæн нæу адæмы ’хсæн, Чырысти кæй ахуыр кодта адæмы мæнæ ахæм уагыл: „Дæ фæринк кард йæ кæрддзæмы нытътъыс"; ныр та зæхх лæууы æрмæст фæринк кæрдты комыл. Сахуыр у фыддзинадæн дзуапп хорзæхæй дæттыныл, сахуыр у уарзын - уыдон сты чырыстоны разæнгарддзинады нысан. Хионы, дæхи хуызæн, зæрдæйæ уарзын, - гъе уымæй хицæн кæны чырыстон муртаттæй. Немыцмæ ахæм æмбисонд ис: „Æнæ уарзондзинадæй чи цæры, уый банымай удæгасæй 48
ныгæдыл". Тыхы фæрцы нæ, фæлæ æрмæстдæр уарзондзинадæй ис дæхимæ раздахæн адæймаджы. Фæрнæйдзаг Августин афтæ загъта: „Сæйрагдæр у иудзинад, дыккагæй - сæрибардзинад, æппæтæн æмбæрзæн та - уарзондзинад". Лев Толстойы 10-аздзыд чызг иуахæмы сæ хæдзармæ хæстæг хъазыд сывæллæттимæ. Лæппутæй йын чидæр йæ цонг æркъуыр- дта лæдзæгæй. Куыннæ йын фæрыстаид, мæгуырæг. Æмæ мæс- тæй кæугæ фыдмæ æрбазгъордта хъæргæнгæ: „Уыцы сæрхъæн лæппу мæ фæнадта! Цу æмæ ма йæ ныддæрæн кæн!.." Фыд йæ уæрагыл æрбадын кодта чызджы æмæ йын загъта: „Æнхъæлыс, æз лæппуйы куы ныдцæрæн кæнон, уæд уымæй дæуæн исты пайда уыдзæн? Æмæ цымæ хуыздæр нæ уаид йæ сахуыр кæнын, мах цæмæй уарза, уый тыххæй? Уыцы ныхасы фæстæ Лев Тол- стой йæ чызгæн бацамыдта афтæ: „байсæрд дзулы карст марме- ладæй æмæ йæ радт уыцы фыдыздыхт лæппуйæн". Уæдæй фæстæмæ лæппу балымæн чызгимæ, сси йæ хуыздæр хæлар. Евангели ма „кадджын" чиныг уый тыххæй дæр нæу, æмæ адæймаг тынг зынтæй æрæмбары царды æцæгдзинад: „ма æм- бырд кæн хæзнатæ зæххыл, ма кæн тъыссæнтæ ацы дунейыл". Мах заманы адæм та сæ цард иуыл хардз кæнынц исбон æмбырд кæныныл, стæй сын баззайынц, бирæтæн суанг æнæхицауæй дæр. Алкæйы дæр фæнды иннæтæй хъæздыгдæр, бонджындæр уæвын. Рагон æмбисонд та афтæ амоны: „Хъæздыг уый у, сæфгæ кæмæй ницы фæкæндзæн". Æмæ кæд хъæздыджы амондджы- ныл фæнымайынц, уæддæр дзы амондыл искуы-иу йедтæмæ ничи фæхæст вæййы. Æцæг хъæздыг уый у, Хуыцауы уарзон- дзинадæй стыр хайджын чи баййæфта. Уымæ та искуы-иутæй фæстæмæ ничи бæллы. Фæстагмæ ма уый зæгъинаг дæн, æмæ Чырыстийы ахуырад философийы хъуыдытимæ бæттинаг нæу. Фæлæ мах кæй ра- дзырдтам, уыдоныл чи баууæндыд, уый зоны Чырыстийы ахуы- рад, - Евангели кæд афтæ æнæзынгæ у, уæдцæр уыди æмæ баз- зайдзæн зыбыты иунæг ныфсы цæджындзæй æппæт дунейæн. Чырыстийы ахуырады стыр ахадындзинад ис уæнгдыхы нæ, халæн тыхы нæ, фæлæ аразæг тыхы, сфæлдыстадон тыхы, уар- зондзинады мидæг. Æмæ уымæй уæлахиз кæны æппæтыл дæр, 49
уадз махæй куыд æмбарæм, афтæмæй сындæггай, фæлæ фидæны суыдзæн æппæты сæр, дуне уыдзæн „Йæ къæхты бын". БИБЛИ РÆСТЫТÆ ДЗУРЫ „...Сымах фидарæй зæгъут, Библи рæстдзинады чиныг у æмæ дзы цы фыст и, уыдон раст сты. Уæдæ ма мын зæгъут, куыд æмба- рут мæнæ ахæм фыст Библийы: „Хуры бынмæ ницы ис, стæй дзы ницы уыдзæн ногæй". Уæд хæдтæхджытæ та? Дæлдонленкгæнæг лодкæтæ та? Уæд кинойæ зæгъай, радар æмæ бирæ æндæр цыдæр- тæ та?Гъеуый дын Библи..." Библийы ныхæстæ бынтон раст нæ дзурыс ды. Фыст афтæ у: „Ногæй ницы ис хуры бын. Фæзыны цыдæр, ницы æмæ фæзæгъынц: „Кæс ма, мæнæ ног цыдæр". Фæлæ уыцы „ног мах размæ æнусты уыди (Екл. 1:9-10). Уæдæ куыннæ у уый раст. Алы ног дзинад дæр уыди раздæр æрдзы мидæг. Хæдтæхджыты атæхыны размæ уал уæлæрвты „хуры бынмæ" тахтысты мæргътæ. Цалынмæ адæймаг дæлдонленкгæнæг лодкæ æрхъуы- ды кодта, уæдмæ кæсæгтæ ленк кодтой денджызы арфы. Адæймаг хуызисæн аппарат цалынмæ нæма æрхъуыды кодта, уæдмæ Хуыцау лæгæн радта цæстытæ, уайтагъд цыфæнды ныв дæр чи ацахсы æмæ йæ зæрдыл чи дарын кæны, ахæм „автомат аппарат". Цалынмæ компæс æмæ радар нæма æрхъуыды кодтой адæм, хæтдæхджытæн фæндаг раст амоныны тыххæй, уæдмæ мæргътæ, æхсæвиуат никуы кодтой, афтæмæй тахтысты фурдты сæрты æхсæвыгæтты, сæ фæндаг нæ рæдигæйæ. Ахæм „радар" ис хæлынбыттыртæн дæр саудалынджы тæхынæн, никуы рæдий- ынц сæ фæндаг, афтæмæй бынатыл сæмбæлынц. Бакæсут ма Иова 12:7-9. Нæ, мæхуры чысыл! Библи рæстытæ дзурæг у. Æмæ амондджыныл йæхи нымайæд, чи йæ æмбары æмæ йыл чи æууæнды, куыд Хуыцауы ныхасыл, уый. 50
„СИСЫН" ÆМÆ „СХИЗЫН" ИУ НЕ СТЫ „...Библийы фыст ис, зæгъгæ, уæларвмæ ничи схызт, Йесо йедтæмæ... Библийы æз дæр гыццыл зонын, æмæ дзы ис фыст, Илия æмæ Енох уæлæрвтæм схызтызты удæгасæй. Сымах та хъæбæ- рæй ныллæууыдыстут, Библийы ныхмæвæрд амындтытæ нæй, зæгъгæ". Зæгъын æмæ ма ноджыдæр зæгъдзынæн, Библийы нæй ныхмæвæрд хабæрттæ. Иунæг хъуыддаг дæр дзы не ссардзынæ ахæм. Иу хъуыддаг у схизын, иннæ хъуыддаг та - сисын. Илиа æмæ Енох уыдысты ист арвмæ. Чырысти та схызти арвмæ, кæцæй æрцыд, уырдæм, цæмæй адæмæн байгом кæна ирвæзыны фæндаг. Æцæгдзинадæй уæвгæ „ничима схызт уæлæрвтæм, æр- мæст уæлæрвтæй æрцæуæг Йесо Чырысти йедтæмæ" (Ин. 3:13). АДÆЙМАДЖЫ ЗОНДÆЙ УÆЛДÆР „...Рæстзонд афтæ хъуыды кæны, Библи æцæгдæр Хуыцауы Ныхас куы уаид, уæд дзы адæймаг æнцонæй алцыдæр æмбарид, фисынмæ ныхас нæ, фæлæ. Уæвгæ та дзы алы дзырд дæр уыци- уыцийæуæлдай нæу". Хуыцауы барæн нæй адæймаджы зондæй. Бæрзондылбадæг уæлдæр у адæймаджы „æмбарындзинадæй". Сымах „раст зон- дыл" кæй нымайут, уымæн гæнæн ис, æмæ разына „сахъат зонд". Хуыцауæй разы, æгайтыма Библийы ахæм бæрзæнд ис, уый онг схизын ’ кæй никæйы бон у, нæдæр мæн, нæдæр дæу, нæдæр æндæр искæйы тыхджын зонд. Науæд уыцы æрдхæрæны чиныг, æвæдза, æрæвæриккам, зæгъæм, Лев Толстойы уацмысты æмрæнхъ. Не ’мдугон хъуыст евангелист Иоанн Марк Библи ахуыр кæны 50 азы æмæ иухатт афтæ загъта: „Ацы чиныджы хъуыдытæ афтæ арф сты, æмæ сæм никæйы бон у баххæссын". Афтæ загъта, рухсаг уæд, стыр ахуыргонд И.В. Непраш дæр. Хуыцау мах аразы рæствæндагыл, цæмæй байгом уой нæ 51
зæрдæтæ æмæ нæм бахъара ЙÆ НЫХАС. Уый нын гом кæны нæ цæстытæ, цæмæй адæймаг фена йæ ирвæзæн фæндаг, гом кæны нæ хъустæ, цæмæй хъусæм Йæ Ныхас. Паскаль афтæ фыста: „Зæххон наукæ æмбарын хъæуы уымæн, цæмæй йæ бауарзæм, Хуыцауы ахуырад та уарзын хъæуы, цæмæй йæ бамбарæм". ФОМАЙЫ ЕВАНГЕЛИЙЫ ТЫХХÆЙ „...Искуы, миййаг, Фомайы Евангели кастыстут? Æнæнхъæ- лæджы йæ ссардтой, Мард дæнджыз кæй хонынц, уый былгæрон, археологтæ хъæууæттæ куы ракъахтой, уæдуым. Уыцы чиныг ныр рауагътой англисаг æвзагыл. Бирæ ног хабæрттæ дзы ис". Нæ кастæн æз Фомайы Евангели, фæлæ Фомайæн йæхи хорз зонын. Фома цæры махæй алкæйы мидæг дæр: „Мæ цæстæй кæй нæ уынон, ууыл не ’ууæндын". Чи зоны, æмæ „Фомайы Еванге- ли" ахъаззаг хæзна у, фæлæ уал мæнмæ гæсгæ нудæс æнусы дæргъы æгъгъæд уыд цыппар евангелийы, цæмæй ирвæзын- дзинад ссарой Чырыстийы фæрцы, уый тыххæй. Æмæ уыцы ирвæзындзинад ссардтой милуантæ сæхицæн. Фæлæ æнхъæл нæ дæн, Евангели фæкадджындæр кæнынæн, кæнæ ног исты диссаг раргом кæнынæн ма Хуыцауы фæндзæм Евангели дæр бахъуы- даид, уый. Хуыцауы æцæгдзинад чи агуры, уымæн тынг æгъгъæд у Иоанны иунæг Евангели, уый нæ фæлæ ма суанг йæ сæргонды иунæг æртыццаг хай дæр. УÆДÆ ЦÆМÆЙ АРХАЙДÆУА, ЦÆУЫЛ ÆУУÆНДЫДÆУА? „...Мæн уырны, чырыстæттæ сæ царды хъуамæ цæуой Ног Фæдзæхсты фæндагыл. Фæлæ рохгæнинаг нæу уый дæр, æмæ Ног Фæдзæхст фыст æрцыди дыууæ мин азы раздæр. Уымæ гæсгæ нæ царды æппæт хъуыддæгтæ уым, кæй зæгъын æй хъæуы, амынд не ’рцыдысты. Уæдæ нын цы гæнгæу ныр?" 52
Дыууæ нæ, фæлæ кæд 5 мин азы цæуы Ног Фæдзæхсты ныффыс- тыл, уæддæр чырыстон царды уаг у кæрæй-кæронмæ уым амынд. Раст зæгъгæйæ, Ног Фæдзæхст абоны царды бæлвырд хъуыд- дæгтæ нæ амоны, уыдон æнцон бамбарæн сты Сыгъдæг Уды фæрцы. „Уый уæ кæмдæриддæр сараздзæн æцæгдзинады фæндагыл", - загъта Чырысти Сыгъдæг Удæй. Æмæ чырыстон чи у зæрдæйæ, уымæн уыцы хъуыды æгъгъæд у бамбарынæн. Сыгъдæг Уд никуы рæдийы. РАСТ ТÆЛМАЦ Библи кæсгæйæ бафжпайын, тæлмацтæ бынтон æмхуызон кæй не сты, уый. Мæнæ ахæм цæвиттон. Дзуттæгтæм Фыстæ- джы 12-æм сæры загъд ис: „Суæгъд кæнæм нæхи, цыдæриддæр нæ хъыгдары, уыдæттæй, стæй нæуæгъд чи нæуадзы, уыцы тæригъæ- дтæй", немыцаг тæлмацы та загъд у: „Нæхи ссæрибар кæнæм æндæдзгæ тæригъæдæй". Библийы тæлмацтæй дæумæ растдæр кæцы кæсы? Æз кæй зонын, Библийы уыцы тæлмацтæ сеппæт дæр хорз сты, Хуыцауимæ бафидауыныл чи архайы, фервæзын кæй фæн- ды, уыдонæн. Ды цы цæвиттон æрхастай, уым дыууæ тæлмацы дæр раст сты. Æз филолог нæ дæн, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, адæймаджы уæгъд чи нæ уадзы, уый „æндæдзæг" тæригъæд у. Тæригъæд кæддæриддæр æндæдзгæ кæны, цъыф дзабыртыл куыд нындæдзы æмæ нæ цæуын куыд хъыгдары, афтæ. Библийы тæлмацтæй растæр кæцы у, уымæн æз дзуапп рат- дзынæн иу цумагæнæн сылгоймаджы цæвиттонæн æрхæсгæйæ. Иухатт уый байхъуыста дыууæ ахуыргонд адæймаджы быцæумæ Библийы тæлмацы тыххæй æмæ загъта: - Æз зонын, Библийы тæлмацтæй растдæр кæцы у, уый. - Кæцы? - бафарстой йæ ахуыргонд лæгтæ. - Мæ мады тæлмац. Уый æрвылбон цæры, Библийы куыддæ- риддæр фыст у, афтæ. Уымæ гæсгæ йæ тæлмац у тæккæ растдæр. Хорз загъта. Тынг раст загъта. 53
КУЫД БАУУÆНДЫН КÆНДЗЫНÆ ИСКÆЙЫ „Куыд баууæндьт кæндзынæ искæйы, Библи æцæгдзинадæй Хуы- цауы чиныгу, ууыл?" Уымæн дын дзуапп ратдзынæн хуымæтæджы ныхæстæй. Мæн уырны, Библи æцæгæй дæр Хуыцауы чиныг кæй у, уый. Уымæн æмæ мæ уыцы чиныг кæны разæнгард. Æмæ дæ зæрдæйы дуар куы байгом кæнай Евангелийæн, уæд дæ уый дæр фервæзын кæндзæн æмæ разæнгард уыдзынæ рæстæй цæрынмæ. Уый тыххæй лæвæрд у адæмæн дæр. ПСАЛОМТЫ ТЫХХÆЙ ,/Ез æдзухдæр æнхъæл уыдтæн Псаломтæ ныффыста Давид. Стæй де ’статьяйы бакастæн, 72-æм псалом ныффыста цавæрдæр Асаф, зæгъгæ. Уый куыду?" ÆДÆППÆТ нæм ис 150 псаломы. Уыдонæй 78 сты Давиды фыст. Корейы фырттæ, левиттæ ныффыстой 11 псаломы, 12 - пахумпар Асаф, иунæг 89-æм псалом та ныффыста Мойсей, 67- æм у Еманы фыст, 88-æм псалом та - Ефаты фыст. Библи чи ахуыр кæны, уыдонæй бирæтæ æнхъæл сты, псалмтæ иууылдæр æппæты фыццаг иу чиныгмæ æрæмбырд кодта фыццаг алчер Ездра. ТÆССАГ ХЪУЫДДАГ „...Иу мæ зонгæ мæм арæх æрбафты, хæрзахуыргонд, бирæ чин- гуытæ чи фæкасти, ахæм æмæ ард хæры, уырыссаг Библийы тынг бирæ рæдыдтытæ ис, зæгъгæ. Йæхæдæг Библи кæсы англисаг æвзагыл æмæ дам уымæн гæнæн нæй, Хуыцау Йæхи ’вдисы æртæ хуызызæгъгæ..." Цæвиттон, æууæндын кæнын æмæ бауырнын кæнын иу не 54
’сты. Цæргæ-цæрæнбонты дæр дзур, зæхх цæджындзтыл лæууы. Фæлæ дыл чи баууæнддзæн, кæмæн фенын кæндзынæ цæстæй, æцæг афтæ у, æви нæу. Уæдæ Библи дæр афтæ. Алы æвзæгтыл æй куы кæсай, исты аиппытæ ссарыны тыххæй, уæд æнæмæнг алы тæлмацы дæр ссардзынæ æндæр хуызы арæзт хъуыдыйæдтæ, иуцасдæр ивд æууæлтæ, хъуыды бынтон раст чи не ’вдисы тæлмацгæнæджы аххосæй, ахæм лыстæг æндæр фæзилæнтæ. Фæлæ уый ууыл дзурæг нæу, Библи алыхуызы фыст у, зæгъгæ. Ды дæхи зæрдæйы дуар байгом кæн Хуыцауы раст ныхасæн, алы тæлмацты галиу хъуыдыйæдтæн нæ, фæлæ, æмæ кув Чырыс- тийæн, дæ Хуыцауыхайæн. „БАМБАРЫН МА МЫН КÆНУТ..." „..Æрæджы иу сауджынæй балхæдтон Библи, уазæгуаты мæм æрбафтыд æмæ ныа ныхас бацайдагъ аргъуаны фæдыл. Лæг загъта, Библийы нæй адæймаджы дзыхы ныхас, иууылдæр у Хуы- цауы ныхæстæй фыст. Æз кæсын куы байдыдтон мæ чиныг, уæд дзы ахæм æнаккаг ныхæстыл сæмбæлдтæн, æмæ сын кæрон дæр нæй, суанг дæлимоны ныхæстыл дæр ма, Чырыстийы афæли- вынвæнд кæм скодтой, уым. Уæдæ ма уæд куыд хъуамæ зæгъæм, Библи айдагъХуыцауы ныхæстæй фысту, зæгъгæ...? Библи у Хуыцауы Ныхас, фæлæ дзы алы дзырд дæр Хуыцауы дзыхæй рацыд, зæгъгæ, уый зæгъæн нæй. Стæй Библи кæсын хъæуы сæрæй бынмæ, уый фæстæ асагъæс кæн, цы æмæ дзы куыд фыст ис, ууыл. Библийы сæмбæлдзынæ алыхуызон ныхæстыл дæр - зæдтæ кæй загътой, пахуымпартæ, хуымæтæджы зæххон адæм, нæлгой- мæгтæ, сылгоймæгтæ, стæй суанг дæлимоны ныхæстыл дæр, ФÆЛÆ УЫДÆТТÆЙ ÆППЫНДÆР НИЦЫ ХЪАУДЖЫДÆР кæны йæ ахадындзинад уыцы цытджын æмæ алæмæты чиныг - Библийæн, адæмæн Хуыцауы зæрдæбын ныхасы хуызы лæвæрд чи æрцыд, уымæн. Хуымæтæджы адæм кæй фæфыстой сæ цæрæнбонты, уыцы 55
чингуытæй никæйыуал кой ис, чи зоны, искуы-иутæй фæстæмæ азæххыл, Библийæ æппындæр уый зæгъæн нæй. Нæ, фæлæ ма бонæй-бон фылдæр адæм сæ хъус æрдардтой йæ бакæсынмæ, йæ базонынмæ. Ныртæккæ цалдæр милуан Библийы раппар Уæрæ- сейы, уæд иунæг бонмæ æлхæд æрцæуиккой иууылдæр. Чырыстон дины знæгтæ сæ тых-сæ бонæй архайынц Библи адæмы къухæй акъахыныл, йæ фесафыныл, мыхуыры рауадзы- ны бар ын нæ дæттыныл. Суанг ма йæ уынгты адæмы цæсты цур дæр сыгътой Хуссар Америчы æмæ æндæр бæстæты. Фæлæ Библи куыд уыд, афтæ намысы чиныгæй баззайдзæн цæргæ- цæрæнбонты дæр, адæмы къухы. Библийæн фесæфæн, феха- лæн нæй. Фыццаг хатт Библи мыхуыргонд æрцыд 500 азы размæ. Йæ рауадзынæн бахъуыди 5 азы. Уыцы фыццаг рауагъд чингуытæй иу æрæджы ауæйчындæуыд 500 мин доллæрыл! Библи тæлмацгонд цæуы дунейы æппæт адæмыхæттыты æв- зæгтæм дæр. Лæмбынæг æй чи бакæса, уый бауырндзæн, Библи æцæгдæр кæй у алæмæты æнахуыр чиныг. Кæсут æмæ йæ кæсут æнæсцухæй. Æмæ уæм дзы кæд миййаг, куыд вæййы, цы вæййы, исты ныхас раст нæ фæкæса, уæд дис ма кæнут. Уымæн æмæ йæ хабæрттæ ист сты адæймаджы цардæй, хорзæй æвзæрæй, фы- дынд хъуыддаг рæсугъд ныхæстæй фыссæн нæй. Зæронд Фæдзæхсты æмбырдгонд æрцыди 39 чиныджы. Æмæ сæ ныффыстой 32 фыссæджы мин азæй фылдæры дæргъы. Ног Фæдзæхсты та ис 27 чиныджы, фыстой сæ 8 фыссæджы 50 азы дæргъы. Алы фыссæг дæр дзы царди алы заман, алы уавæрты, йæ рæстæг куыд амыдта, афтæ, иу дзы иннæйы нæ зыдта, афтæмæй. Абон се ’ппæты фыстытæ дæр сты иу æнæхъæн чи- ныг. Цæмæн? Уымæн æмæ сæ кæд фысгæ алыхуызон адæймæгтæ кодтой, алы дугты цæрджытæ, уæддæр сты Хуыцауы дзыхæй рацæугæ ныхæстæ, Библийы автор у Хуыцау Йæхæдæг. Чырысти загъта: „Хуыцауы фæндон æххæст кæнын кæй фæнды, уый ацы ахуырады тыххæй базондзæн, Хуыцауы амындæй фыссын, æви Мæхæдæг Мæхицæй дзурын" (Ин. 7:17). Библи дарддæр кæсут лæмбынæг, хъуыдыгæнгæ æмæ дзы ссардзыстут моралон тых. 180-130 псаломы фыст ис: „Де ’ргом 56
æцæг ныхæстæ адæймаджы зæрдæ рухс кæнынц, зонд дзы уадзынц"... Хуыцауы ныхас ирвæзынгæнæг тых у. Фæлæ бæллæх уый мидæг ис, æмæ Библийæ фылдæр ницавæр чиныгæй æппæлынц адæм, кæсгæ та йæ кæнынц æппæтæй къаддæр. Гъе уый мидæг ис дзыллæты моралон хæлддзинады сæйрагдæр аххосаг. Æмæ уавæр уæд фендæрхуызон уыдзæн, адæм æндæр цæстæй куы акæсой Библимæ. Библи адæм фылдæр куы кæсой, уæд сын ахъаз кæндзæн сæ царды фæндаг сраст кæнынæн, галиу митæм нал здæхынæн, гадзрахатæй нал цæуынæн, фыд-зæрдæ нал дарынæн. Фыстæг иууылдæр Хуыцауæй разæнгард у, æмæ пайда у сахуырæн, сраст уæвынæн, зонд бацамонæн. Хуыцауы фæндыл цæугæйæ адæймаг цæттæ уыдзæн хæлары хъуыддæгтæ кæныимæ (2 Тим. 3:16-17). Библи йедтæмæ уæ ницавæр æндæр чиныг раздахдзæн раст фæндагмæ, ницавæр чиныг уæ бацæттæ кæндзæн æнусон цардмæ. УÆХИ ХЪАХЪХЪÆНУТ! ...Кæддæр дæ кæцыдæр статьяйы бакастæн худæджы хабар. Валаамы хæрæг адæймаджы дзыхæй дзырдта, зæгъгæ. Цавæр æдылы сабиуæвын хъæуы, ахæм хабарыл баууæндыны тыххæй?" Кæд æмæ дæм Библийы фыстытæй искæцы худæджы хабар фæкасти, уæд дæхи ХЪАХЪХЪÆ! Æрцæудзæн ахæм рæстæг æмæ дæхæдæг нал басæтдзынæ уыцы æвирхъау хъуыдыйыл, фæлæ, миййаг, куы байрæджы кæнай... Хуыцауы ды æвæрыс адæймаджы къуындæг фадæтты. Иу æнæхуыцау лæгæн уырнæг адæймаг ахæм дзуапп радта: „Ды уал куырыхон зонды хицау у, рафæлдис хæрæг, стæй йæ мæ бар уадз, æз æй сахуыр кæн- дзынæн адæймаджы æвзагæй дзурын". Хуыцауæн Йæ бон цы нæ у, цымæ ахæм исты адунейыл ис? Иу ахæм хабар ма дзырдтой: куырыхон зонды хицау дисы бацыд, кит куыд æгъдауæй аныхъуырдтаид Ионæйы, зæгъгæ. 57
Æмæ йын хуымæтæджы уырнæг æнахуыргонд сылгоймаг загъ- та: „Уый мæ хъуыддаг нæу. Кæсæгты дæр æмæ адæймаджы дæр (кæй зæгъын æй хъæуы, хæрæджы дæр) рафæлдыста Хуыцау. Æмæ мæнмæ гæсгæ киты дæр Хуыцау рафæлдыста, адæймаг аныхъуырын дæр куыд фæраза, ахæмæй. Хуыцауы куы бафæн- дыдаид, уæд рафæлдыстаид, кит аныхъуырын йæ бон кæмæн у, ахæм адæймаджы дæр". Ды та кæд не ’ууæндыс æмæ дæ нæ уырнынц Хуыцауы сконд хъуыддæгтæ, уæд дæ иуварс авæрын хъæуы Йесо Чырыстийы, æмæ дæхи мауал хон чырыстон. Уымæн æмæ Чырыстийы рай- гуырд, Йæ цард, Йæ мæлæт, Йæ райгас - уыдон иууылдæр сты Хуыцауы дзыхæй рацæугæ, Хуыцауы фæндонтæ, зæххон хаба- рæй дзы æппындæр ницы ис. Афтæмæй дæ бахъæудзæн Библи- йы иуварс æрæвæрын. Фæлæ Библийы чи аппара, уыдонæн Хуы- цау аппардзæн сæхи. Æмæ уал ныры онг милуангай адæмты Йæхицæй аиуварс кодта Хуыцау. ТАУРÆГЪТЫ ТЫХХÆЙ „...Ды не ’ууæндыс таурæгътыл, нæ дæуырнынц, афтæмæй та, зæгъынц Евангелийы сеппæт фыст дæр не ’рцыдысты, Йесо цытæ кодта, уыдон. Уæд цæмæн бахъуыд уыцы таурæгътæ иуварс æвæ- рын, кæд æмæ Евангелийæн уæлæмхасæны хос сты, æххæстдæрæй йæ равдисыны мадзал?..." ТАУРÆГЪТÆ Евангелийæн уæлæфтуанæн нæ бæззынц. Еван- гели æххæст у, цы дзы хъæуы, уыцы хабæрттæй. Фæлæ раст куы зæгъæм, уæд дзы фыст не ’рцыдысты, Йесо цытæ кодта, уыцы æмбисæндтæ сеппæт. Уыдæттæ бæлвырд фысгæйæ, утæппæт чингуытæн, æвæдза, дуне фаг нæ уыдаид, нæ дзы бацыдаиккой (Ин. 21:25). Фæлæ фервæзынæн цы хъæуы æхсызгондæр, уыдон Евангелийы фыст æрцыдысты æххæстæй. Афтæ бакæнгæ уыди Хуыцауæн, æндæр никуыд, уымæн æмæ зыдта, адæймаг æрго- мыздæхт кæй у Хуыцауы амынд фæндаг фыдыздæм здахынмæ æмæ йæ зыгъуыммæ æмбарынмæ. Хуыцау уымæ гæсгæ никæмæн 58
бафæдзæхста Йæ Фыстæгыл исты бафтауын, кæнæ дзы аппарын. Æрмæст уайдзæфы бын фæкодта зæххон таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ хæсджыты: „Цæмæн уæ бахъуыд Хуыцауы Фæ- дзæхсты фæрсты ахизын æмæ таурæгъты сæр райсын?" (Мф. 15). Ис Хуыцауы дзыхæй рацæугæ таурæгътæ, кæцыты ныффыстой евангелисттæ æмæ Апостолтæ. Стæй ис адæмон таурæгътæ æмæ Евангелийæн уæлæфтуанæн нæ бæззынц, уый аккаг не сты æмæ сæ кой дæр нæ хъæуы. Уымæн æмæ сæ фæдыл галиуырдæм аласдзысты адæмы, Чырыстийы амынд фæндагæй сæ фæиппæрд кæндзысты. ÆППÆЛЫДИ ЦЫМÆ МОЙСЕЙ ЙÆХИЦÆЙ? „...Дыууисссæдз азы кæсын Библи æмæ дзыуæддæр бирæ бынæт- тæ нæма бамбæрстон. Зæгъæм, дины кусджытæ сеппæт дæр фидарæй зæгъынц, „Нымæцы чиныг" Мойсей ныффыста, зæгъгæ. Æмæ куыд хъуамæ æппæлыдаид йæхæдæг йæхицæй? Афтæ фыст дзы ис: „Мойсей уыд æппæт адæмæй хæрзæгъдаудæр, хæдуæздан- дæр". Куыд хъуамæ зæгъай афтæ дæхицæй?" Фарн дæм бадзурæд, мæ лымæн, фæлæ дæм нæ бæллын, кæд дæ 40 азы дæргъы Библийы зынæмбарæн бынæттæ иудадзыг сагъæсы æфтыдтой, уæд. Мæн та уæдæ æнцонæмбарæн бынæттæ æфтауынц сагъæсы, æмбаргæ кæй кæнын, уыдон, æрмæст уый тыххæй, æмæ сæ куыд æххæст кæнын хъæуы, уый нæма базы- дтон, æххæстæй сæм нæма фæцарæхстæн. Дæ фарстæн та дзу- аппæн байхъус зындгонд евангелист, дзуттаг дохтыр Гитлин цы хабар ракодта, уымæ. Уый радзырдта афтæ: „Махмæ Польшæйы уыди дины кусæг, йæ ном Шифф. Уырнджыты Мисси дзы иу хатт бацагуырдта йæ куысты тыххæй дзуапп ныффыссын. Фысгæ йæ бæргæ ныккодта, мæгуырæг, фæлæ йын йæ æрмдзæф ничи иртæста. Уæд ын æз мæ фæндон загътон: ды мын дзыхæй дзур дæ дзуапп, æз дын сæ мыхуыр кæндзынæн фыссæн машин- кæйыл. Цалдæр хъуыдыйады куы загъта, уæд уый фæстæ дзурын куы байдаид мæнæ ацы ныхæстæ: „...стæй ма нæм ноджыдæр ис 59
хъаруджын, хæрзарæхст проповедник Мойсей Гитлин..." Æз æй фæуырæдтон æмæ йын загътон: „Хатыр, мæ лымæн, фæлæ мæхи тыххæй мæнæн афтæ ныффыссын мæ бон нæу, ахæм бар мæм нæ хауы!" Уæд мын афтæ: „Уый дæ хъуыддаг нæу, æз дын цы дзурын, уый фысс, ды мæ секретарь дæ! Мойсей Хуыцауы ком- мæкаст!..." Хъал уæвын тæригæд у. Фæлæ æнæбары хиуылхæцын дæр тæригъæд у, Чырысти Йæхæдæг Йæхицæй афтæ загъта: „Мæныл ахуыр кæнут, уымæн æмæ Æз дæн фæлмас, фæлмæн æмæ сабыр". Уый хицæй æппæлд нæ уыди, фæлæ уыди æцæгдзинад, Чырысти цы уыди, уый загъта. Уæдæ Мойсей цæуылнæ хъуамæ ныффыстаид, æппæт адæмæй фæлмæндæрзæрдæ кæй уыд, уый, кæд æмæ йын Хуыцау Йæхæдæг фыссын кодта, цы дæ, уый ныф- фысс, зæгъгæ? Мойсей уыцы хъуыддаджы уыд æрмæстдæр секретарь. Цы фыссын хъæуы, уый та йын дзырдта Сыгъдæг Уд. Хуыцауы Ныхас критикæ кæнын нæ хъæуы, фæлæ саст зæрдæимæ коммæ кæсын. Уæд бамбардзынæ, цы дзы не ’мба- рыс, уый. Сæйрагдæр та уый у, æмæ бамбарын хъæуы ирвæзыны фæндаг. Уый та æнцон ссарæн у, ирвæзындзинад чи агуры, уыдонæн. III ЦÆУЫЛ ДЗУРЫ БИБЛИ? НÆ РÆСТÆДЖЫ ГУЫМИРЫТÆ СЫМАХМÆ ГÆСГÆ ЦЫ АМОНЫ ГУЫМИРЫТÆН КУВЫН? ГУымирытæ сты адæймагæн йæхи æрхъуыдыгонд хуыцæуттæ, йæ зæрдæмæ арф кæй райста, уыдон. Адæймаджы зæрдæ хъуамæ уа Хуыцауы. Фæлæ дзы Хуыцауы бæсты куы уа „æндæр чидæр" æмæ „æндæр цыдæр", уæд уый хуыйны гуымирыйæн кувын. Хуы- цау та афтæ фæдзæхсы: „Макæйы æмæ мацæйы ныв араз дзуары номыл æмæ йын кувгæ дæр ма кæ, уымæн æмæ Æз дæ Хуыцау дæн æмæ Мæ макæимæ, стæй мацæимæ бар" (Исх. 20:4-5). 60
Нæ рæстæджы гуымиры у - æфтиаг уарзын. Ахæм гуы- мирытæн кувджытæ бирæ ис чырыстæтты æхсæн. Лæг йæ бæр- зæйыл „хомут" æрæппары æмæ цæрæнбонты йæ зæрдæмæ рухсы цъыртт нал бакæсы, йæхи баифтындзы исбон æмбырд кæны- ныл, цæмæй схъæздыг уа. Уыцы гуымиры афтæ тынг ныффидар вæййы зæрдæйы, æмæ йæ ницæмæй уал сæппардзынæ, æрмæст иунæг Чырыстийы бон у адæймаджы зæрдæ ссæрибар кæнын. Ницавæр гуымирыйæн кувæгæн ис бацæуæн Хуыцауы Паддза- хадмæ(Гал. 5:19-21). КÆМ ИС ХУЫЦАУ? „...Библи райстон мæ къухмæ æмæ дзы уынын иу хъуыды ин- нæйы ныхмæ. Зæгъæм, иу ран дзы афтæ ис фыст, Хуыцау цæры ахæм рухс ран, бацæуæн кæдæм нæй. Иннæ ран кæсын: Хуыцау махæй алкæмæ дæр у æввахс. Уæдæ уæд Хуыцау дæр тæригъæд- джын зæххыл цæры, нæ?" Нæ! Ам ницы ныхлæуддзинад ис, иу ран дæр æмæ иннæ ран дæр раст у. Иу бынат иннæйы æххæст кæны. Зæгъæм чидæр дæуæй зæгъы Анжелесы цæрыс, зæгъгæ. Иннæ та фыссы - Кали- форнийы цæрыс. Уым цы ис ныхмæвæрд? 0, Хуыцау æцæгдæр цæры, бахизæн æмæ фенæн кæмæн нæй, ахæм бæсты, фæлæ Йе ’ртыккаг цæсгом - Сыгъдæг Уд ам зæххыл ис. Хуыцау бацахста æппæт дунейы тыгъдад, кæмдæриддæр. Æмæ иу æнæхуыцау адæймаг лæджы куы бафарста: „Бацамон ма мын, Хуыцау кæм и, зæгъгæ, уæд ын уырнæг лæг ахæм дзуапп радта: „Ды уал мын раздæр бацамон, Хуыцау кæм нæй?" Уый зыдта псаломтæфыссæг Давид дæр. Æмæ афтæ азарыд: „Кæдæм ацæудзынæн Дæуæй, æмæ кæдæм алидздзынæн дæ цæсгомæй æддæдæр? Уæлæрвтæм ссæуон - Ды уым дæ; зæхмæ æрхизон - уым дæр ды Дæ. Бони- вайæнты базыртæ басадзин æмæ мæхи айсин фурды фаллаг кæромæ, - æмæ мын уым дæр мæ къухыл ахæцдзынæ Дæхæдæг æмæ мæ бауыромдзæн Дæ къух. Зæгъин, талынг мæ бамбæхс- дзæн?.. фæлæ Дæу талынг нæ бамбæрздзæн (Пс. 138)". Гъе, афтæ 61
Хуыцауæй никæдæм ис фæлидзæн. Фæлæ зæрдæйы Хуыцау цæры æрмæстдæр, дæхæдæг Ын бар куы радтай, уæд. УЫМÆН ГÆНÆН ИС ЦЫМÆ? „...Хуыцауы тыххæй зонæн ис æнæ Евангелийæ дæр?.." КÆЦÆЙ ма бамбарæн ис Хуыцауы æнæ Евангели? Цæвит- тон, Хуыцауы тыххæй зонæн ис æнæ Евангели дæр. „Уæлæрвтæ дзурынц Хуыцауы кадыл" (Пс. 18:2). Фæлæ Хуыцауы тыххæй зонын æмæ Хуыцауы базонын иу не сты. Хуыцауы æнæ Еванге- лийæ базонæн нæй. Чырысти загъта: „Раиртасут Хуыцауы Фыстæг". Суанг Еван- гелиимæ дæр æххæстæй нæ бон нæу бамбарын Хуыцауы. Æцæг куыд æмбæлы, афтæ мах Уый бамбардзыстæм æнусты. ХУЫЦАУ ДЗЫХÆЙ ДЗУРЫ? „...Библийы фыццаг сыфыл цалдæр хатты афтæ фыст бака- стæн: „Æмæ Хуыцау загъта..." Æмæ Хуыцау дзуры дзыхæй? Стæй кæд дзуры, уæд кæцонау, цавæр æвзагæй?.." Бæгуыдæр дзуры Хуыцау, стæй дзуры хъæрæй. Йе ’взаг у алы- хуызон. Алыхуызон йæ хъæлæсы уаг, йæ зæланг. Ау, махæн дзых чи радта, уый йæхæдæг нæ дзуры? Хуыцауы ныхасы ныгъуылы мах ныхас, æнæхсæст, мæгуыр. Ды фæрсыс, кæцон æвзагæй дзырдта Хуыцау? Уый ды дæр æмæ æз дæр базондзыстæм, уæлæрвты цæрыны аккаг куы разынæм æмæ „авд хатты Хуы- цауы нæрын" куы фехъусæм, уæд, кæцытыл ныффыста Иоанн (Откр. 10:4). Ис адæмон æвзæгтæ, ис сæхи æвзаг зæдтæм дæр (1Кор. 13:1). Æмæ уыцы æвзæгтæ, зæдты æвзæгтæ уый бæрц хæрзхъæддæр сты махонтæй, æмæ сæ æмбарæн ис мæнæ афтæ: мах æвзаг уыджы хъуахъæй цас бæрзонддæр лæууы, уый бæрц бæрзондцæр æвæрд у зæдты æвзаг махонæй. Хуыцауæн Йæ алы 62
ныхасы дæр хъусæм Уарзондзинад, Домбайдзинад, Хæд-зонд- дзинад. Æппæт Рафæлдисæгмæ хъусынц, дунейы цыдæриддæр зæды мыггагæй ис, уыдон сеппæт дæр уымæн æмæ уыдон дæр цæрынц „Хуыцауы дзыхæй рацæугæ ныхасæй". Махæн, ома, адæмæн сæ ныхас у мæнгуд, æнæджелбетт, хатгай тутт, ницæуыл дзурæг зæл. Хуыцауы ныхас та у удмидæг архайд, царды апп æвæрд кæм ис, ахæм. Хуыцау цы загъта - иууылдæр æрцы- дысты. „Загъта Хуыцау: ныррухс уæд бæстæ. Æмæ ныррухс" (Быт. 1:3). Гъе афтæ, рухс чи уыны, уый рухс нæ фæрæдийын кæндзæн. ÆУУÆНДЫН ИУ ХУЫЦАУЫЛ „...Курын æмæ мын Библийы бацамонут, кæм ис фыст, Хуы- цауæн „æртæ цæсгомы" ис зæгъгæ?Æз æууæндын иунæг Хуыцауыл. Фæлæуæд сымах кæцæй райстат æртывæр бæрæгбон?.. (Троицæ): Хуыцау, Йæ Фырт Чырысти æмæ æртыккаг- Сыгъдæг Уд?" Æз дæр æууæндын æрмæст иунæг Хуыцауыл. „Троицæ", зæгъгæ, ахæм дзырд æцæгдæр Библийы нæй, фæлæ дзы „Библи", зæгъгæ, ахæм дзырд дæр не ссардзыстут. Уæвгæ та кæсут уыцы чиныг. Библийы бирæ хæттыты фембæлæн ис мæнæ ацы нæмт- тыл: Фыд, Фырт æмæ Сыгъдæг Уд. Гъе, уыдон сты „Троица", (иронау Кæрдæгхæссæны бæрæгбон), æртæ дзуары иу æнусон Хуыцауы къабæзтæ, Хуыцау Йæхи равдыста æртæ цæсгомæй. Уымæ гæсгæ æз æууæндын Æртывæр Хуыцауыл. ИУ ФИППАИНАГ ,,..Æз мæ хæсыл нымайын ахæм фиппаинаг зæгъын: Куыд æмбарын, афтæмæй Кæрдæгхæссæны бæрæгбоны онг азæххыл нæ уыд Сыгъдæг Уды кой. Биноныг ма æркæсут Апостолты хъуыд- дæгты чиныджы 2-аг сæргондмæ, ахуыргæнинæгтæм æмæ ар- гъуанмæ Сыгъдæг Уд куыд æрцыд, уыцы хабары тыххæй". 63
Бузныг дæ фæндонæй. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы уыцы сæргонд, æхсызгонæй йæ бакæсын æдзухдæр. Фæлæ Библийы фыццаг чиныджы фыццаг сæргондмæ куы ’ркæсай, уæд дзы ссардзынæ мæнæ ахæм ныхæстæ: „Зæхх та бæлвырд бæрæг зынгæ дæр нæ кодта, стæй уыди гæмæх, æмæ сæрсæфæны сæрмæ бынтон талынг бæстæйы Хуыцауы Уд зилдух кодта доны сæрмæ"(Быт. 1:2). Хуыцауы Уд, Сыгъдæг Уд уыди Кæрдæгхæссæны размæ дæр, фæлæ алкæмæ дæр зынди бынтон хицæнхуызонæй, Хуыцау сæрмагонд лæггадгæнæджы бынатмæ кæй снысан кодта, уыдо- нæй. Ныр та Сыгъдæг Уд Йæхи зонын кæны алы аргъуаны дæр, уырнæг адæм Чырыстийы номыл кæм фембырд кæнынц, уыцы рæтты. Сыгъдæг Уд ныр Йæхи æргом кæны Хуыцаумæ зæрдæ- бынæй кувæг алы адæймагæн дæр. АСТРОЛОГИЙЫ ТЫХХÆЙ „Нæ йæ сусæг кæнын, тынг разæнгард дæн астрологимæ. Бирæтæй фехъусын, дæсныйад кæнын тæригъæд у, зæгъгæ, цытæ æрцæуинаг уа, уыдон рагацау дзурын, дам, нæ фæтчы. Æмæ цымæ уæдæ æрцæуинаг хабæрттæ Библийы дæр не сты амындГ Сты. Библи сæ не ’мбæхсы. Фæрсджытæ æмæ дæснытæ нæ цæ- уынц Хуыцауы зæрдæмæ. Кæддæр раджы заманты тынг арæх уы- дысты уыдон, уæлдайдæр та Вавилоны паддзахады, Даниил ма дзы æлдариуæг куы кодта, уæд, стæй Навуходоносоры заманты дæр. Библи зæгъы: фервæзын ма дæ кæнæнт уæдæ, цы дыл æрцæуинаг у, уыцы фыдбылызтæй арвы риумæ цæстдарджытæ, стъалыты æвæрдмæ гæсгæ, кæнæ мæйноджы уагмæ гæсгæ, адæймаджы хъысмæт бамбарынмæ, рагацау æй рахатынмæ йæ ныфс чи хæссы, кæнæ йæ бон кæмæн у, уыцы дæснытæ, куы- рысмæдзæуджытæ. Гъе, раст хус хæмпæлы хуызæн, асыгъдысты арты..." (Ис. 47:13, 14). Кæмдæриддæр æмæ цæмдæриддæр æууæндын хъæуы Хуыцауыл, астрологтыл нæ, фæлæ. Йæ цард Хуыцауы æвджид чи бакодта, уыдонæй алчидæр зоны, йæ сæрæй 64
иунæг æрду дæр нæ фæхаудзæн Уæларвон Фыды æвастæй (Мф. 10:30). Уый тынг стыр ныфс у уырнæг адæймагæн. „РАЙДИАНЫ..." „...Арв æмæ зæхх Хуыцау рафæлдыста фыццаг бон, хур, мæй æмæ стъалытæ та цыппæрæм бон. Уæд цымæ зæхх цавæр хуры алыварсзылди фыццаг æртæ боны?" Библи райдайы æвæджиауы зонды ныхæстæй: „Фыццаг уал Хуыцау сфæлдыста арв æмæ зæхх". Уый æмбарын хъæуы: „рай- дианы" - уый фыццаг бон нæу, стæй æвæццæгæн, иунæг бон дæр нæу. „Райдиан", чи зоны æмæ уыдаид бирæ заманты æмæ стыр истори. Махæй уый никæмæн у зындгонд. Дуне рафæлдисыны фыццаг бон Хуыцау загъта: „Ныррухс уæд бæстæ". Æмæ ныр- рухс! Цавæр уыд уыцы рухс, чи зоны, Библи астрологийы курс, миййаг, нæу. Фæлæ фыццаг боны рухсæй Хуыцау рафæлдыста уæларвон цæхæртæ цыппæрæм бон: хур, мæй æмæ стъалытæ. Уæдæ уæд цæуылнæ ис баууæндæн зæхх, райдианы фыццаг боны рафæлдыст цæхæры алыварс зылди, ууыл? (Быт. 1:3). ПАХУЫМПАРТЫ ТЫХХÆЙ „Алкæмæн дæр газетты дзуапп кæй фæдæттыс, уымæ гæсгæ дæ курын, мæ фарстæн дæр ма фæзивæг кæн дзуапп радтын. Зæгъ ма, дæ хорзæхæй, кæй хонынц тулдз къохы пахуымпартæ? Стæй ныртæккæйы пахуымпартыл æууæндыс, æви нæ?" Тулдз къохы пахуымпартæ иууылдæр сты мæнг пахуымпартæ, муртатты хуыцæутты лæггадгæнджытæ. Уыцы хуыцæуттæн нывондæгтæ æргæвстой сæрмагонд бынæтты тулдзбын хъæды. Ахæм кувæндонтæ арæзтой паддзах Ахав æмæ паддзах Манасия (3 Царств). Фæлæ Хуыцау паддзахы бынатмæ сæргъæвта Осийы æмæ гъе уый басыгъта тулдзбыны кувæндæттæ. Ахавы ус Иезаве- 65
лийы цæсты уæлдай кадджындæр уыдысты тулдзбыны пахуым- партæй 400 адæймаджы. Хуыцауы пахуымпар Илия уацилла æппæт адæмæн фенын кодта, Кармилы хохы цъуппыл, тулдз- быны кувæндонты пахуымпартæ адæмы кæй сайынц, уый, фæливынц сæ, иунæг æнусон Хуыцау Йегова у, зæгъгæ. Æрмæст- дæр Йегова дæтты дзуапп адæймаджы куывдæн æмæ æрмæстдæр уымæн лæггадгæнджытæ сты æцæг пахуымпартæ. Мах рæстæджы та зонæм, Хуыцауы фæндон фыст у Библийы æмæ пахуымпар схонæн ис æрмæстдæр уый, Хуыцауы фæндон адæмæн раст чи æмбарын кæны. Ис абон ахæм æнæгæды пахуымпартæ, Хуыцауы ныхас куыд у, афтæмæй йæ чи æвдисы, нæ йыл æфтаугæ кæны, нæ æппаргæ. Павел афтæ фыста: „Суанг мах нæхæдæг, кæнæ уæларвон зæд дæр æндæр хуызы ныхæстæ куы кæнид, кæй уын дзырдтам уыдонæй уæлдай (Евангелийы фыст чи у, уыдонæй фæстæмæ), уæд уый уаид мæнг, ма йыл æууæндут" (Гал. 1:8). Ирвæзынгæнæн мадзал æмæ дунейы фидæн ныры онг хъуыстгонд у Хуыцауы дзыхæй æмæ фыст æрцыд Библийы. Фæлæ Хуыцауæн Йæ бон у, хæстæгдæр рæстæджы цы ’рцæуинаг у, уый Йæхи æвзæрст минæвæртты руаджы хъусын кæнын. Куыд сæ ис базонæн, кæцытæ сты уыдон? Кæй дзурынц, уыдон куынæ æрцæуой царды, уæд сты мæнг хабархæсджытæ, хи стауджытæ, уыдон дзурынц сæхицæй, Сыгъдæг Удæй нæ фæлæ. КÆМ СТЫ ХЪÆЗДЫГ ГОРÆТТÆ „...Кæсын Библи, æмæ мæ дисы æфтауы иу ахæм хабар: Иор- данмæ Израилы фæндагыл æмæ Иорданы æдте уæды рагон заман- ты хъæздыг горæттæ уыди, уæд цы фесты ныр? Библийы фыст ис уыцы быдырты саумæр хъæздыг зæххыты тыххæй, ныр дзы уæдæ æрнæджытæ æмæ дурджын гæмæхтæ йедтæмæ куы ницуал уынæм!.. Ау, зæхх дæр фендæрхуызон?Г Æнæмæнг. Дæхæдæг дæхицæн дзуапп радтай. Æцæгдзинадæй Иорданийы æдте быдыртæ иу рæстæджы тынг хъæздыг зæх- 66
хытæ уыдысты, сæ бæстæ алцæмæй æххæст, куыд фæзæгъынц, „æхсыр æмæ мыд", цæугæдонау, калди сæ бæстæйыл. Ныр сын къæбæр дæр фаг нал и. Цы фæци уæдæ уыцы бæркад? Дзуапп ын ссардзыстæм Мойсейы ныхæсты, Израилмæ мæнæ афтæ кæм дзуры: „Кæд æмæ дæ Хуыцауыхайы ныхасмæ нæ хъусдзынæ... уæд дæ къæхты бын зæхх фестдзæн æфсæнкъæй" (Второз. 28). Хуыцауы ныхас дондурау хъæбæр у. Абон Иорданы быдыртыл æрцыд Йæ ныхас. Йæ хъалбон ныккалдта Израиль, йæ намыс фесæфт. Бæстæйæн йæ рагзаманты хъæздыгдзинад, фароны ми- тау, атад йæ адæмы æгъатырдзинады æмæ æнæууæнчы аххосæй. КÆСУТ ЛÆМБЫНÆГ „...Апостолты хъуыддæгты чиныгæй бæрæг у, ахæстон хъа- хъхъæнæг йæ бинонтимæрайста донæй аргъуыд (Ап.хъ. 16:33). Уый æгъгъæд æвдисæн нæу цымæ, ноггуырдтæ дæр æнæмæнг аргъуыд кæй æййæфтой, уымæнГ Æппындæр нæ. Уыцы хабары тыххæй афтæ фыст ис: „Æмæ Хуыцауы Ныхас фехъусын кодтой йæхицæн дæр æмæ йæ хæдзары чи уыд, уыдон сеппæтæн дæр" (16:32). Зæгъут ма, ног- гуырдæн исты дзурæн ис? Мæнмæ гæсгæ, цы - ноггуырдæн дзур æмбаргæ ныхæстæ, цы - мардæн, хъауджыдæр сæ нæй, сæ иу дæр дæ не ’мбары æмæ се ’ннæ дæр. Ам хъуамæ ноггуырды кой уæвгæ дæр ма уа. Дарддæр ноджы кæсæм: „...бацин кодта йæ бинонтæ се ’ппæтимæ, Хуыцауыл кæй баууæндыд, ууыл... (16:34). Куыд уæм кæсы, ноггуырд бацин кæндзæн, „Хуыцауыл кæй баууæн- дыд", ууыл? Лæмбынæг æркæсгæйæ, уæд, æвæццæгæн, хæдзары ноггуырд нæ уыд. Иннæтæ иууылдæр хъуыстой, баууæндыдысты, аргъуыд дæр райстой, куыд хъомыл адæм. Сывæллæтты Хуыцауыл фæ- дзæхсын хъæуы сæ тæккæ райгуыргæйæ, суанг сæ райгуырыны агъоммæ дæр, фæлæ сын мæнг ныфс æнусон цардыл æвæрын нæ хъæуы, сывæллонæй донæй аргъуыд райстой, зæгъгæ. Кæсут Фыстæг лæмбынæгæй. 67
АРГЪАУÆГГАГ МЫЗД „...Чи зоны бакастаиккат газет „Новая Заряйы" Чикагойаг сауджын - негры хабар, къайадыл аргъауæггаг бирæ æхца чи иста. Уый гæртам радтын фæндыд пъæлицæйæн æмæ йæрацахстой. Йæ къухыл фæтæн бриллиантджын къухдарæныл афтæ фыст уыд: „Æз æууæндын". Зæгъут ма, аргъуаны кусджытæн бар лæвæрд ис мызд исынæн, зæгъæм, къайадыл, сывæллоныл, мардыл æмæ æндæр хъуыддæгтыл аргъауыны тыххæй?" Ног Фæдзæхсты дины кусджытæ - уыдон сты Чырыстийы ахуыргæнинæгтæ, Йæ ахуырадыл цæуджытæ. Æмæ хъуыддаг афтæ æвæрд уæвгæйæ, аргъауæггаг мызд исыны бар лæвæрд никæмæн æмæ ницы хуызы ис нæдæр моралон, нæдæр юриди- кон æгъдауæй. Дин æппындæр нæ амоны аргъауæггаг æхца фидын. Ахæм хабар фыст нæй Евангелийы дæр. Дины ныхмæ тохы æнæхуыцæуттæ спайда кодтой Чикагойаг епископы хабарæй дæр, ома, дам, дины кусджытæ зыд сты, аргъауынмæ цæуджыты стигъынц, зæгъгæ, хъуыддаг ахæм хуы- зы æвдисгæйæ. Царды æнæ сæмбæлгæ нæ вæййы, аргъуанты куысты дæр, чи не ’мбæлы, ахæм хабæрттыл. Фæлæ уыдон иугæйттæ сты æмæ æгад кæнынц Чырыстон дины, цæмæй сæ хъæл сах абада æнæхуыцæуттæн æмæ сæ къах æркъуырой, кæсут, цы митæ кæнынц Хуыцаумæ кувджытæ! УЫЙ-НЫХМÆДЗЫД НÆУ „...Давид тынг стыр тæригъæд ракодта. Уый мах зонæм Биб- лийæ. Хуыцау та афтæ зæгъы, Мæ лæггадгæнæг Давиды хуызæн зæрдиаг лæггадгæнæг нæй, зæрдæбынæй æууæндæг, уырнæг, кувæг, стæй тæригъæд никуы кодта. Уый уæдæ ныхмæдзыд нæу? Баца- монæн ма иС ноджыдæр ахæм æндæр хабæрттæ. Мах дæр цыдæртæ æмбарæм. 68
Тынг хорз. Æгайтма цыдæртæ æмбарыс. Уæд дæхи бон у уæдæ хъуыддаг равзарын, Библи дæ къухы райс, афтæмæй. Раст у, Давид бацыд тæригъæды, стæй стыр тæригъæды. Фæлæ фыстæгæй махæн зындгонд у, Давид куыд фæсмон кодта, куыд нæ хатыр кодта йæхицæн ахæм тæригъæддаг хъуыддаг æмæ кæй фыхти йæхи мидæг мæстæй йæхæдæг йæхимæ: „Хъусæй куы лæууыдтæн, уæд ме ’уæнгтæ æрызгъæлдысты мæ зæрдæйы рыстæй, уымæн æмæ æхсæвæй-бонæй мæ уæлæ цыма Дæ къух здыйау уæз кодта, мæ буары уæнгрогдзинад, цъæх кæрдæг судзгæ хурæй куыд басудзы, афтæ цыдæр фæци. Æмæ ма мæ бон хъарæггæнæгау уый сдзурын баци: „Мæ фыдгæнды хабæрттæ дын хъусын кæнын, Ме Стыр Хуыцауыхай". Æмæ мын систай ме ’ккойæ мæ уаргъ (Пс. 31:3-5). Хуыцау айста уыцы фæсмойнаг хабары тыххæй Давиды куывд æмæ йын ныххатыр кодта. Йæ тæригъæдтыл чи æр- фæсмон кæна, уыдоны тыххæй Хуыцау афтæ зæгъы: „Нал сын сæ æрæмысдзынæн сæ тæригъæдтæ" (Иер. 31:34). Хуыцау нал мысы Давиды тæригъæд дæр. Сымахæн та мæ бон уый зæгъын у, æмæ Библийы куынæ уал къахат ныхмæвæрд хъуыддæгтæ, фæлæ йæ уæ зæрдæмæ куы айсат, куыд Хуыцауы æргом ныхас, уæд уын ныххатыр кæндзæн уе ’нæууæнк Библийыл æмæ уын уыцы тæригъæд уæ зæрдыл никуал æрлæууын кæндзæн. КÆМ ФЫСТ У? „...Кæм фыст у, аргъуаны бадæнт стырæй чысылæй æмæ уым зарæнт исты чингуытæм гæсгæ? Кæм фыст у, хуымæтæджы ничитæ аргъуаны кафедрæмæ бахизæнт æмæ уырдыгæй, бæгуы лæгау, дзурæнт, сæ сæры цы хъуыды æрбафта, уый? Сымахмæ, евангелисттæм дæр ахæм æгъдæуттæ ис?..<( Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ, кæм фыст ис, аргъуаны адæм æнæмæнг лæугæ кæной, уый? „Хуыцауы тæфаг кæм ис, уым æнæмæнг ис сæрибардзинад'5 (2 Кор. 3:17). „Чысыл æмæ стыр" зарынц аргъуаны (æмбырды), уымæн æмæ афтæ амыдтой Чы- 69
рыстийы ахуыргæнинæгтæ: „Зарут зæрдæйæ, зарут Хуыцауыл, арфæ кæнут æппæты тыххæй дæр Хуыцауæн, нæ Фыдæн, зарут нæ Хицау Йесо Чырыстийы кадæн (Еф. 5:18-20). САБАТЫ ТЫХХÆЙ „...Бузныг дæ уыдзыстæм, газеты нын дзуапп куы радтай нæ фарстæн, уæд: сабат бæрæгбонуыди Мойсейыразмæ дæрГ Нæ уыд. Сабат Мойсейы размæ нæ кодтой бæрæгбон. Хуыцау Израилаг адæмæн саккаг кодта сабат Сины хусбыдырты бæрæг кæнын, адæймаг куы фæзынд, уымæй 2500 азы фæстæдæр. Уый тыххæй бакæсæн ис чиныг Исходы 16:1-28. ÆМÆ АМ ДÆР НЫХМÆВÆРДÆЙ НИЦЫ ИС „...Апостол Павел римæгтæм цы фыстæг арвыста, уым афтæ зæгьы: „алчидæр фæуæд уæлдæр хицаудзинады фæдзæхст". Уыцы ахуыргæнинаг Ефесянтæм кæй фыссы, уым та афтæ дзуры: махæн нæ тох хицауадты тыххæй æмæ барты ныхмæу. Уый ныхмæвæрд нæу, уæдæГ Ам дæр нæй ныхмæвæрддзинад, уый нæ фæлæ ма иу текст уæлæмхасæн у иннæмæн æмæ йæ кæны бæлвырддæр. „Нæ тох буары æмæ туджы ныхмæ нæу, фæлæ хицауиуæггæнджыты, нæ дуджы цæсгом æгад чи кæны, арвы бын цы фыд удтæ ис, уыдоны ныхмæ, ома дæлимонты. Уæвгæ та хъуамæ куыннæ кæсæм граждайнаг хицауады коммæ, кæд æмæ хицауады приказтæ чы- рыстон цæсгомы æмæ æфсармдзинады ныхмæ цæуæг не сты, уæд. Чырыстон адæм хъуамæ фæзминаг уой æппæт иннæтæн, æнæгæды, æнæхин адæм паддзахады. „Дуджы цæсгом чъизигæн- джытæ та сты Конгресс нæ, президенттæ нæ, фæлæ фыдызду- хæнгæнджыты легионтæ, стæг, тугæй конд чи нæу, ахæмтæ. Ам зынæмбаринагæй ницы ис: нæмыгæй æмæ кардæй дæлимоны нæ 70
фесафдзынæ. Уæдæ нæм уæд Чырыстийы ахуыргæнинаг сиды, топпы дзыхæй дзурынмæ нæ, фæлæ уды хъаруйæ тох кæнынмæ. Падцзахадон хицаудзинадимæ чырыстон адæймаджы ахаст- дзинæдтыл дзургæйæ, цавæрфæнды хъуыддаджы дæр ныхасы бар æппæты фыццаг дæттын хъæуы æфсармæн. Мæнæн ракод- той иу ахæм хабар, немыцаг оккупацийы заман Бобруйскы чи æрцыд, ахæм хабар: цалдæр уырыссаг лæджы, пъæлицæйы кусгæйæ, нæ бакуымдтой дзуттæгты къорды амарын. Уый тых- хæй сын сæхи фехстой уырыссæгтæн æмæ сæ иу дзыхъхъы баны- гæдтой дзуттæгтимæ. Уыимæ уырыссæгты амардтой сæхи ’рды- гон уырыссæгтæ. Фæлæ амарын, уый нырма уæлахиз нæма у. Ахуыргæнинаг Павел уды хъаруйы тохмæ кæй сиды, хæцæн- гарзæй тохмæ нæ, фæлæ, уый ууыл дзурæг у, æмæ амоны къухмæ уырнындзинады фат райсын æмæ уый фæрцы судзгæ æрдыны арты æвзæгтæ бамынæг кæнын, райсут ирвæзынгæнæн уарт æмæ фæринк кард уæ хъуыдыты, стæй уыцы цирхъ, кæцы у Хуыцауы Дзырд Йæ хотыхтæ уды хъарутæй тохы (Еф. 6:10-17). ИСТЫ ХЪАУДЖЫДЗИНАД ДЗЫ ИС? „...Цы хъауджыдæр ис Хуыцауы дунейы æмæ Уæларвон дунейы æхсæн? Сæ дыууæ дæр уыциу не сты?" Хуыцауы дуне, - уый уды уавæр у. „Хуыцауы дуне уæ мидæг ис", - зæгъы Фыстæг (Лук. 17:21). Евангели та амоны Уæларвон дуне у бынат, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы Хуыцауы бынат. Хуыцауы дунейы æмбарын хъæуы, куыд Хуыцауы æлдариуæг- дзинад адæймаджы зæрдæйы. Уыцы уавæрмæ æркæны Чырысти тæригъæдджыны, кæд æмæ тæригъæдджын фæсмон фæкодта æмæ хатыр райста, уæд. 71
ФЫДÆЛТЫККОН ÆМБИСОНД НÆ, ФÆЛÆ ФÆТК „...Чырысти ракодта иу бонджын лæджы æмæ Лазæры кой, куыд фыдæлтыккон таурæгъ, адæм та сæ æцæг фенхъæлдтой æмæ кæрæдзийы тæрсын кæнынц зындонæй". Чырысти цы хабар ракодта бонджыны æмæ Лазæры тыххæй, уый фыдæлтыккон таурæгъ, миййаг, нæу. Чырысти загъта: „Царди æмæ уыди мæгуыргур, йæ ном Лазар" (Лук. 16:20). „Уыд", - уæд царди уæдæ. Таурæгъты адæмæн сæ æцæг нæмттæ амынд нæ фæцæуынц. Алы хатт дæр Чырысти, таурæгъ, зæгъгæ, куыд дзырдта, Евангелийы дæр бæлвырдæй афтæ фыст у: „æмæ сын ракодта таурæгъ", „æндæр таурæгъ сын радзырдта". Лазары кой ракæнгæйæ, Чырысти кодта бæлвырд бæрæг адæймаджы кой. Зындон кæй ис, уый та дызæрдыггаг нæу. Æууæндын ыл хъæуы. Дæу дæр, мæн дæр æмæ кæйдæриддæр нæ фæнды зындон уа, уый. Фæлæ махæй аразгæ нæу. КÆМФЫСТИС? / „...Иу æмæ дыууæ хатты, миййаг, нæ сæмбæлдтæн, афтæ чи зæгъы, иу арахъ баназын дæр тæригъæд у, зæгъгæ, ахæмтыл. Уыцы лæгтæ не ’фсæрмы кæнынц, Евангелийы афтæ фыст ис, зæгъгæ, уый комкоммæ дзурын. Фæлæ кæм фыст ис? Цы уæ бон у зæгъын, Йесо Чырысти хуымæтæджы донæй сæн фестын кодта, зæгъгæ, уый ныхмæ таТ( Уыцы хабарыл бирæ хæттыты дзырдтам, И.Барчук ма ныф- фыста сæрмагонд чиныг дæр „Алкоголь и человек", зæгъгæ. Алкоголь у марг æмæ йæ куы нуазай, уæд æнæфхæрдæй нæ базза- йдзынæ. Библи зæгъы: „Расыггæнджытæ Хуыцауы Паддзахадмæ нæ бацæудзысты". 1 Кор. 6:10. Адæм иу сыкъайæ ахизынц дыу- уæмæ, æртæмæ, ноджы фылдæрмæ... „Иунæг сыкъа" фесæфта æмæ сафы милуанты, уый æцæг диссаг у, стыр диссаг. Æз зонын 72
уымæй ноджы стырдæр диссаг æмæ йæ ныффыстон æмдзæвгæйы „Претворение", зæгъгæ. Æрхæсдзынæн уын дзы скъуыдзаг: Уыди рæстæг дымдтон æмæ нызтон, Арахъхъы карзыл нæ ауæрстон Æнæмæнг рауадаин къупри, Фæлæ мæ Йесо фервæзын кодта. ЦÆМÆЙБÆРÆГУ? „...Иу хъуыддаг мын зын бамбарæн у: бирæ алымыггаг динты æхсæн кæцыйыл æууæндыдæуа, чи дзы у растдæр? Уый куыд базын- дæуаГ Растдæр дин райдайы фæсмонæй, уымæн æмæ „сеппæт рако- дтой тæригъæд. - Афтæ амоны Хуыцауы Фыстæг. Фæсмон та у цæхгæр фæзылд тæригъæдæй Хуыцауырдæм, цæхгæр фæзылд Чырыстимæ. Уый уал дын фыццаг къахдзæф. Чырысти амоны: „Фæфæсмон кæнут æмæ баууæндут Евангелийыл (Мр. 1:15)". Евангелийыл баууæндыны тыххæй та зонын хъæуы уыцы чиныг. Фыстæг дæр афтæ амоны: „Æууæнд дæ Хуыцау Йесо Чырыстийыл æмæ фервæзай". Æууæндыны тыххæй та зонын хъæуы Йесойы. „Æууæндæн ис хъусæггагæй, хъусæггаг та цæуы Хуыцауы Ныхасæй" (Рим. 10:17). Растдæр дин кæцы у, уый æвдисæн - раст уагыл цæрын. ÆМÆ ЦЫМÆ УЫЙ ÆЦÆГ АФТÆ У? „...Махæн нæ дин афтæ амоны, адæймаг куы амæлы, уæд уый фæстæ дæр ма 40 боны йæуд зæххыл фæзилдух кæны, зæгъгæ. Уый раст у?" Уымæн мæ бон бæлвырд дзуапп радтын нæу. Фæлæ Чырыстимæ Йæхи хъуыдытæ ис уый фæдыл. Йæ уд исгæйæ, йæ тæригъæдтыл чи æрфæсмон кодта, ахæм фыдгæнæгæн Чырысти 73
афтæ загъта: „Ныр Мемæ уыдзынæ дзæнæты" (Лук. 23:43). „Ныр" - уый 40 боны нæу. Мæгуыргур Лазæры тыххæй дзургæйæ, Чырысти загъта: „Амарди мæгуыргур æмæ йæ зæдтæ ахастой Авраамы хъæбысмæ" (Лук. 16:22). Ам дæр та йæ кой дæр нæй, Авраамы хъæбысмæ бахауыны тыххæй 40 боны хъуамæ зæххыл зилдух кæна йæ уд, æви нæ, уымæн. ФЫЦЦАГÆН - ФЫЦЦАГ БЫНАТ „...Ныр цалдæр азы тыхсын донæй аргъуыдыл æмæ ахæм хъуы- дымæ æрцыдтæн, сæйрагдæр - аргъуыд баййаф, æндæр ницы уæлдай ис, чысылæй дыл саргъауой, æви стырæй, хъауджыдæр нæу". Евангели амоны: „Уæ тæригъæдтыл уал æрфæсмон кæнут, стæй уæ саргъауæд алчи дæр" (Ап. хъ. 2:38). Хуыцау никæмæн радта бар уыцы дзырдтæ кæрæдзийы бынæттæй баивынæн: раздæр уал саргъаут, стæй та фæсмон кæндзыстут. Матема- тикæйы ницы хъауджыдæр ис нымæцтæ кæрæдзи бынæтты сæвæрынæй, æфтауын сæ куы хъæуа, уæд. Евангелийы та дæ ахæм ивддзинад раст хъуыдымæ не ’ркæндзæн. БИБЛИ-РÆСТДЗИНАДЫ ЧИНЫГУ „...Сымах фидарæй зæгъут Библи рæстдзинады чиныгу. Фæуæд афтæ дæр. Уæдæ уый раст у, Египетæй рацæуыны агъоммæ дзут- тæгтæн Хуыцау цæмæн загъта, бастигъут египетæгты æмæуемæ рассивут сæ сызгъæринтæ, сæ хæзнатæГ Тынг раст бакодта. Дзуттæгтæ бирæ рæстæджы сæ сурхид калгæ фæфыдæбон кодтой египетæгтæн. Уымæ гæсгæ египетаг сызгъæрин дзутты фæллой уыди. Фæлæ сæ бастигъой, зæгъгæ, ахæм кой дзы нæ уыд. Фыст уыди афтæ: „Æмæ израилаг адæм ацыдысты Мойсейы ныхасы фæдыл æмæ куырдтой (не сты- гътой, фæлæ куырдтой) египетæгтæй æвзист дзаумæттæ æмæ 74
сызгъæрин мигæнæнтæ, æмæ зынаргъ дарæстæ. Æмæ Хуыцау фæтæригъæд кодта Йæхи адæмæн, нæ сæ бафтыдта египетæгты цæсты, æмæ сын лæвæрдтой æмæ сæ æрæмбырд кодтой, египе- тæгтæм цы уыд, уыдон иууылдæр" (Исход 12:35-36). „Æрæмбырд кодта", уый афтæ нæ амоны, БАСТЫГЪТА сæ. Адæм куырдтой цæрæнхостæ æмæ æцæгдзинадæй истой сæхи тугвæллой. БИБЛИ МАРХОЙЫ (КОМДАРÆНЫ) ТЫХХÆЙ „...Куыд зонут, афтæмæй нæм ацы заманты вæййы комдарæн 7 къуырийы. Æз дæр дарын ком. Фæлæ царды афтæ рауади, æмæ-иу сцыбæл дæн, æмæ-иу мæ комдард фехæлдтон. Уый адыл æппындæр нал дарын ком. Сымахмæ та куыд кæсы, абоны дуджы ком дарын хъæуы?" Хъæуы нæ, фæлæ ма уæлдай тынгдæр. Куыд никуыма уыд, афтæ. Сау тыхтæ, фыдбылызтæ ныртæккæйы дунейы уæлдай карздæрæй архайынц. Уымæ гæсгæ Чырысти загъта: „АЦЫ МЫГГАГ ТАРД ЦÆУЫ КУВЫНÆЙ ÆМÆ КОМДАРЫНÆЙ" (Мф. 17:21). Комдарын æмæ кувын та сты ахæм дыууæ сæйраг рахæцæны, не ’ппæт тыхстытæ райхалын нæ бон цæй фæрцы бауыдзæн. Фыццаг чырыстæттæ цымæ ком дардтой? Æнæмæнг. Уый тыххæй бакæс Ап. хъ. 13:3, 14-23. Фæлæ Фыстæджы ницы бæл- вырд ныхас цæуы авд къуырийы комдарды тыххæй, стæй æндæр æмгъуыдты тыххæй дæр. Уæвгæ та куыд ис 49 боны æрдæгæх- хормагæй цæрæн! Хуыцау никуы домдта адæймагæй, йæ бон цынæ у, уый кæнын. Ком дарын куыд æмбæлы, уымæ æркæсын хъæуы. Айдагъ æнæсой, æнæ урсаг хæринæгтæй бирæ нæ ахæс- дзынæ. Æз кæй равзæрстон, уыцы комдард мæнмæ ахæм у, - зæгъы Хуыцау: ссæрибар кæн, искæйы дæлбар чи цæры, уыдо- ны, феуæгъд сын кæн сæ сæрбос, дæ къæбæр адих кæн æххормаг лæгимæ, æнæхæдзар, æнæхицау адæймаджы та дæ дæлбазыр æрбакæн. Бынтон бæгънæджы куы фенай, баппар ыл исты дарæс æмæ дæ кæрдзын дæхи æмхуызон адæмæй ма æмбæхс. 75
Уæд рухсы тынтæ бакæсдзысты дæ зæрдæмæ, барухс уыдзæн дæ уд æмæ дын фенцон уыдзæн цæрын. Хуыцау фæуыдзæн де ’мбæлццон, фехъуысдзæн Хуыцаумæ дæ куывд (Ис. 58). Израилæгтæ кæддæр дардтой ком æмæ фарстой Хуыцауы: „Мах дарæм ком, Ды та нæ уынгæ дæр нæ кæныс?" Æмæ сын Хуыцау зæгъы: „Уæ комдарæн бон сымах æххæст кæнут уæхи фæндон". Гъе уый аххосæй Хуыцау дзуапп нæ дæтты бирæты куывдæн. Комдард у алкæмæн йæхи хъуыддаг, йæхи фæндон. Æз дзу- рын æцæг комдардыл, Фыстæгмæ гæсгæ, омæ æппындæр нæ хæрыны тыххæй, иу цасдæр афон. Ахæм ком дардтой пахуым- партæ дæр, Йесо Йæхæдæг дæр æмæ Чырыстийы ахуыргæни- нæгтæ дæр. Алкæмæн йæ бон у ком дарын, йæ хъуагдзинадмæ гæсгæ. Комдарæнтæ вæййынц аргъуаны курдиатмæ гæсгæ дæр. Стæй ма ахæм хъуыддаг. Ком куы дарай, уæд дзы кувын хъæуы, науæд ницы пайда у, мæнæ æнæ бензинæй машинæ дард куыд нæ ацæудзæн, уыйау. ЦÆЙ ТЫХХÆЙ ФÆРСЫНЦ..? „...Æз фехъуыстон, моладзантæ дам нымады не сты, ницы у моладзандон, зæгъгæ. Æмæ ма мын уæдæ бамбарын кæн, кæд дæ бон у, уæд, цы амонынц Чырыстийы ахуыргæнинаг Павелы мæнæ ацы ныхæстæ: „Я сораспялся Христу?" Чырыстийы ахуыргæнинаг Павел дæр æцæгдзинадæй Йесо- йау тыгъд æрцыд йæ норттæй, фæлæ моладзан та уыд. Чырыстийы хыузæн крестыл байтыгъд афтæ амоны, адæй- маг фæуæлахиз йæхи уды хиуарзондзинадыл, йæ къух систа йæ кадджын бынæттæ æмæ йæ хæрзиуджытæй, аппæрста йæ хъуы- ды, æз фыццаг дæн, æппæты бæрзонд бынат мæн у, зæгъгæ, уыцы хъуыды æмæ цæттæ у йæхи æмхуызон адæмæн лæггад кæнынмæ. Æппæт уыдæтты тыххæй моладзан уæвын уыйас æхсызгон нæ хъæуы. 76
Адæм арæх бакувынц Хуыцаумæ, сæхицæн куы стæрсынц, уæд. Ныр сæ царды нысан уынынц аргъуаны, æнæкъуылым- пыйæ цæуынц, аргъуанмæ хъусынмæ. Æмæ Хуыцауы фыстæ- джы ныхæстæ чъиуау æууилынц, кæд сын хуыздæр ахъаз фæукк- кой, зæгъгæ. Æмæ уый хонынц Хуыцауæн, кад, Хуыцауæн лæггад кæныныл уый нымайынц, се’тæрттæ байтыгътой кувы- ныл, зæгъгæ. Фæдæ уый афтæ нæу. Адæймаг хъуамæ йæхиуыл мацæмæй ауæрда Хуыцауы зæрдæ балхæныны тыххæй, йæхимæ иса ца- вæрфæнды зындзинад бавзарын дæр. Науæд цы уæлдай ис кувæ- гæй æнæхуыцауæй, æнæхуыцау дæр бацæудзæн аргъуанмæ, æрлæудзæн кувыныл, йæхицæн æндæр зын не скæндзæн. ЗАКЪОНЫ ТЫХХÆЙ „...Беседæтæ кæсын. Мæ зæрдæмæ цæуынц. Фæлæ мæм диссаг кæсы, Хуыцауы закъоны тыххæй кæй ницы фыссут, уый. Афтæмæй тæссаг нæу, уæхæдæг тæрхойнаг куы фæуат, уымæй...?" Стыр бузныг дæ фиппаинагæй, ахъаззаг хъуыддаг у æнæ- мæнг. Архайын æмæ ма ноджы зæрдиагдæрæй архайдзынæн, „иннæтæн закъонтæ амонгæйæ, мæхæдæг цъысымы цæмæй ма бахауон, ууыл" (1 Кор. 9:27), - апостол Павел нæ куыд ахуыр кæны, афтæ. Закъоны тыххæй куы дзурæм, уæд Хуыцауы закъон, æвæццæгæн, æмæ зонынц адæм иууылдæр. Фæлæ закъоны амынддзинæдтæ зонын адæймагæн ирвæзыны хос нæу. Закъон зонын, уый æгъгъæд нæма у, хъæуы йæ æххæст кæнын дæр ма. Фæлæ закъоны амынддзинæдтæ куы æххæст кæнай, дæ зæрдæ- мæ сæ нæ исгæйæ, уæд уый никæмæн ницы пайда дæтты. Уымæ гæсгæ æз сидын чиныгкæсджытæм Синайы закъон зонынмæ нæ, фæлæ Чырыстийы фæдзæхстмæ, Чырыстийы фæдзæхст та бын- тон æнцон хъуыддаг у: УАРЗ, дæхи хуызæн, иннæты дæр. Æндæр искæйы дæр ма йæхи хуызæн чи уарзы, уый нымад у закъон æххæстгæнæгыл (Рим. 13:10). Уарзынмæ сиды Евангели дæр. Беседæты фылдæр ныхас цæмæн цæуы Чырыстийыл, закъо- 77
ныл нæ, фæлæ? Уымæн æмæ, закъоны хъуыддæгтæй ничи сраст уыдзæн" (Гал. 2:16). Фæлæ зæрдæ куы бауарза Чырыстийы æмæ Йыл куы баууæнда, уæд уарзондзинады закъон æнцон æххæст- гæнæн у. Æндæр мадзал нæй Чырыстийы закъон æххæст кæнынæн. „Закъоны фæрцы ничи сраст уыдзæн", - амоны Хуы- цауы фыстæг (Гал. 2:11). Апостол Павел фыссы: „Закъон æнæхъæнæй куы райсæм, уæд, иунæг дзырд уæвгæйæ, йæ нысан у ахæм: „Уарз иннæйы дæр дæхи æмхуызон, дæхи уды куыд уар- зыс, афтæ" (Гал. 5:14). Уый фадат ис алкæмæн дæр, адæймаг йæ зæрдæйы рæбинагдæр бынат Чырыстийæн куы радта, уæд. „Закъоны кæрон та у Чырысти Йæхæдæг" (Рим. 10:4). Раст зæгъын хъæуы, Чырысти мах нæ уæгъд кæны фæдзæхстытæ æххæст кæнынæй, фæлæ, адæймаджы зæрдæмæ Сыгъдæг Уды хуызы бахизгæйæ, дæтты ныфс сæ сæххæст кæнынæн. Нæ тæригъæдтыл æрфæсмон кæныны æмæ зæрдæйæ Чырыстийыл баууæндыны мадзæлттæ сты нæ ирвæзынгæнæг фæрæзтæ. ФЫЦЦАДЖЫДÆР ÆЦÆГДЗИНАД „...Ды фыссыс уарзондзинадыл, афтæмæй та æмхиц нæуадзыс, уе ’вварс чи нæу, уыдоны, тæригъæдджынтыл сæ нымайгæйæ..." Æппæт адæмы дæр Библи нымайы тæригъæдцжынтыл, æмæ азæххыл чи цæры, уыдонæй, æвæццæгæн, æмæ ничи бахæсдзæн йæ ныфс уый ныхмæ сдзурын (Пс. 50:7). Фæлæ куыннæ ис хъау- джыдæр адæмæй: иутæ сæ удхæссæг уынынц исты тæригъæд ракæнынæй æмæ дзы дардмæ лидзынц, Йесо Чырыстийы тугæй сæхи сыгъдæг кæнгæйæ. Иннæтæ та уарзынц тæригъæд, сæ зæрдæ дзы рухс кæны, цыма исты æхсызгон хъуыддаг саразынц, афтæ; Чырысти та сæм нымады дæр нæу, æрмæст Ын зонынц Йæ ном, æндæр. Уыцы дыууæ хуызы адæмты æхсæн цавæр хæлардзинад хъуамæ уа?! Мæнмæ гæсгæ дæ писмойы æгæр „акъул" дæ иуварсмæ. Раст нæу, тæригъæд хъуыддæгтæм фыддзæстæй чи кæсы, уыдонмæ уарзондзинад нæй, зæгъгæ, сæ уайдзæфы бын фæкæнын. 78
Иукæддæр æз нæ бакуымдтон чындзæхсæвмæ ацæуын, алы уазæгæн дæр нозты авг кæм æвæрдтой, уырдæм. Уый цины бæрæгбон нæу, фæлæ у нозты сабантъуй. Æмæ дзы чырыстон адæймаджы ницы хъуыддаг ис. Кæй нæ бацыдтæн хуындмæ, уый ууыл дзурæг нæу, æмæ нæ уарзын ног чындзы æмæ йæ къайы. Фæ- лæ мæнмæ гæсгæ, хъæдмæ ма цу, стонг бирæгъ дзы бады, уый куы зонай, уæд. Бирæгъ дæ куынæ бахæра, уæддæр дыл фæхæцдзæн. Никæйы бон у евангелист Иоаннæн уайдзæф бакæнын, уар- зондзинад æм фаг нæй, зæгъгæ. Иоанн уыди уарзондзинады „апостол", æрмæст дæ зæрдæ-мæ зæрдæ уарзондзинадыл хæст нæ, фæлæ Чырыстийы уарзондзинадыл лæуд, тæригъæдджыны чи уарзы, афтæмæй тæригъæддзинад чи нæ хатыр кæны, ахæм. Æмæ Чырыстийы амындтытæ чи не ’ххæст кæны, ахæм уыр- нæджы Иоанн хуыдта „мæнгард" (1Ин. 2:4). Ацы апостол зæгъы: „Йæхи æфсымæрæй йе сæфт чи уыны, уый, чифæнды дæр фестæд, нымад у лæгмарæыл" (1Ин. 3:15). „Тæригъæд чи кæны, уый хæйрæгæй у", - зæгъы уыцы апостол. Нæ зæрдæмæ цæуы, æви нæ, уый нымады нæу, уымæн æмæ афтæ зæгъы Хуыцауы фыстæг. Фыццаджыдæр-æцæгдзинад, рæстдзинад. Хуымæтæджы нæ баззад фыдæлтæй ахæм æмбисонд: „Платон мæ хæлар у, æцæгдзинад та мын зынаргъдæр". Раст куы зæгъæм, уæд мæнгдзинад, цæстмæмитæ, фыддзинад чи раргом кæны, уый уыцы адæймаджы уæддæр æнæ уарзгæ нæ вæййы. Æрмæст хуымæтæджы уарзтæй нæ, фæлæ хъуыддагæй. Кæддæр, дам, иу чидæр афтæ загъта: „Адæймаджы уды мидæг дæ куы бафæнда, цы дæлимон дзы бады, уый ныццæвын, уæд архай тынг хъавгæ, цæмæй дзы ма ныццæвай Хуыцауы". Архай- ын уыцы æмбисонды фæдзæхст нæ рох кæныныл. ЦАС? „...Ныффыс ма дæ хорзæхæй, цал адæймаджы хъуамæ æрæм- бырд кæнай, аргъуан сæ схоныны тыххæй? Иу чидæр мын загъта, аргъуан байгом кæнынæн 7 адæймаджы дæр æъгъгæд, æндæр чидæр та загъта - 12 адæймаджы..." 79
Фыстæджы ницы амынд ис уый тыххæй, фæлæ дзы бирæ ныхас цæуы адæмы удыхъæдыл, аргъуан кæмæн байгом чын- дæуа цавæрфæнды ран дæр, уыдоныл. „Дыууæйæ, кæнæ æртæйæ Мæ номыл кæм æрæмбырд уой, уым Æз уыдзынæн се ’хсæн (Мф. 18:20). Æмбырд кæнын сæ бон у бирæтæн дæр, фæлæ Чырыстийы номыл кæм не ’мбырд кæнынц, уым аргъуаны койгæнæн уæвгæ дæр нæй. Аргъуан равзæрди грекъаг дзырдæй - экклезия, ома, æм- бырд. Уымæ гæсгæ 7 адæймаджы дæр æгъгъæд æмæ дыууадæс дæр, кæд æмæ æцæгдзинадæй Чырыстийы ном ссарынмæ æм- бырд кæнынц, уæд, стæй кæд ирвæзын кæнынмæ сидынц, фæндаг æм чи нæ зоны, уыдонмæ, уæд. КÆМ ФЫСТ У? „...Уырыс арæх фæдзурынц афтæ, ома, дам, Библийы фыст ис: „Знагмæ цæуыны фæндагыл исты гæдыныхас зæгъ, афæлив". Дæ хорзæхæй, ма фæзивæг кæн, бацамон нын, Библийы искуы амбæл- дтæ ахæм ныхасыл? Кæцыран фысту?" Уый фыст у, йæ тæригъæдтæ бамбæхсынмæ чи хъавы, йæхи рæстытæ чи кæны, уыдоны сæры магъзы. Уыцы хабарæн йæ кой дæр Библийы никуы фехъуыстон. Сæмбæлдтæн æрмæстдæр иунæг цауыл пахуымпар Елисейы дардæй (4 Цар. 6 гл.). Сау- гуырм чи баци, уыцы сирийæгты, Израилы знæгты афæлывта пахуымпар, æндæр амал ын куынæ уал уыд, уæд. Уый у зыбыты иунæг хабар. Æндæр фæлывды кой æппындæр Библийы никуы ис. Псаломтæ фыссæг Давид Хуыцаумæ куывта йе знæгты ныц- цæгъдынмæ. Ахæм у Зæронд Фæдзæхсты уаг, закъоны бын- дурыл арæзт чи æрцыд, уый. Чырысти амоны: „Кувут уе знæгты тыххæй, арфæ кæнут, чи уæ æлгъиты, уыдонæн". „Знагмæ цæугæйæ, фæндагыл афæлив" - уый абоны дунейы дзыллæты фæтк у. Уыдон канд знæгты нæ, фæлæ сæ хæлæртты дæр фæливынц. Чырыстон адæм хъуамæ ма уой фæлитой. 80
Кæд æмæ знагæн æцæгдзинад зæгъæн нæй, уæд фæлтау ныхъхъус у, дæ дзыхæй дзырд ма сæппар. АФТÆ АМОНЫ ФЫСТÆГ „...Мæнæ ныр цалдæр азы кæсын дæ Беседæтæ æмæ дзы иунæг хатт дæр нæма сæмбæлдтæн аргъуыды хабæрттыл. Ныффыссма, куыд æмбарыс аргъуыд?" Аргъуыд æз æмбарын, Фыстæджы куыд амынд ис, афтæ. Дæ фарстæн дын тынг бæлвырд дзуапп дæттынц Чырысти æмæ Йæ апостолтæ. Уыдон ныффыстой афтæ: „...Аргъуыд чъизи буар донæй æрæхсын нæу, фæлæ у Хуыцауæн дзырд радтыны нысан де’фсарм, дæ цæсгомы сыгъдæгдзинады тыххæй (Шетра 3:21). Чырысти фæдзæхста Йæ ахуыргæнинæгтæн: цæут дунейыл зилгæ æмæ амонут Евангели æппæт адæмæн. Кæй уырна æмæ чи аргъауа, уыдон сеппæт дæр уыдзысты ирвæзт, кæй нæ уырна, уый та баййафдзæн тæрхон (Мр. 16:15-16). Куыд уынут, афтæмæй Фыстæгмæ ницы бафтауæн ис, ницы дзы аппаринаг ис. Аргъуыд йæхæдæг йæхи æгъдауæй адæймаджы нæ ирвæзын кæны, фæлæ у ирвæзты фæстиуæг. КÆЙ СХОНÆН ИС ЧЫРЫСТОН? „...Сымах куыд фæнды, афтæ кæнут, фæлæ махырдыгонау та чырыстоныл нымад у, чырыстон бинонты æхсæн чи райгуыры, уый. Цыфæнды æвзæр чырыстон дæруæд, уæддæр чырыстон. Уæдæ ма æндæр куыдТ’ Чырыстийы ахуырад бынтон иухуызон у адæмæн сеппæтæн дæр. Нæй дзы нæдæр „махырдыгон", нæдæр „сымахырдыгон", ды куыд фыссыс, афтæ. Ноджыдæр та ма йæ зæгъын: чырыстон уæвыны тыххæй æгъгъæд нæу æрмæст чырыстон бинонты æх- 81
сæн райгуырын. Райгуырын хъæуы Хуыцауы, фæндæй, Сыгъдæг Удæй, Чырысти Никодимæн куыд загъта, афтæ (Ин. 3:3, 5). Адæм сеппæт дæр уыцы иухуызон тæригъæдджын æрдзæй рацыдысты, чи цавæр бинонты æхсæн райгуырд, кæнæ цавæр диныл хæст сты сæ фыдæлтæ, уымæ нæ кæсгæйæ. Фæлæ куы рахъомыл вæййынц, тæригъæд ракæныны онг куы рахæццæ вæййынц, уæд сæ æнæмæнг бахъæуы æрфæсмон кæнын. „Сеп- пæт дæр ракодтой тæригъæд æмæ фæцух сты Хуыцауы арфæйæ" (Рим. 3:23). Евангели „Сеппæт дæр" зæгъгæ, куы фæзæгъы, уæд дзы равзарæн нал и. Адæмы сеппæты дæр, æнæ иу хъуагæй рай- сын хъæуы ног царды сæр. Ног цард, ног уаг та фыдæлтæй рахæсгæ нæу. Уыцы цард зæхмæ æрхаста Чырысти æмæ йæ рай- сын хъæуы Йæ фæрцы, стæй æрмæстдæр Йæхицæй, лæгæй- лæгмæ Йæхи къухтæй. Мах неппæты дæр хъæуы уыцы ног цард. Чырыстоныл банымайын хъæуы канд уырнæджы нæ (хæй- рæджытæ дæр æууæндынц), фæлæ йæ зæрдæйы рæбын кæмæн æрбынат кодта Чырысти æмæ уый йæ цардыл кæмæн зыны, уыдоны. Афтæ æмбæрстой чырыстон дин Чырыстийы апо- столтæ æмæ сæ фæдыл цæуджытæ. Фыццаг дзырд „чырыстон" мах уынæм Ап. хъ. 11:26. Чырыстон хуыдтой канд Чырыстийы ахуырадыл цæуджыты нæ, фæлæ уыцы ахуырадмæ гæсгæ чи царди, уыдоны дæр. Уыцы фæтк йæ тыхы баззад абоны онг. Уæдæ цымæ бирæ ис ахæм чырыстæттæ азæххыл? Уый æндæр фарст у. „Цардмæ бахизыны кулдуар къуындæг у, фæндаг та йæм нарæг æмæ йæ бирæтæ нæ арынц " (Мф. 7:14). Дæ фарстæн, мæ лымæн, дзуапп радтынæн ахъаз сты 4 фак- ты: 1) Дунейы цардмæ тæригъæддзинад бацыд иу адæймаджы (Адамы) фæрцы. 2) Тæригъæддзинадимæ иумæ дунемæ бахызти мæлæт. 3) Мæлæт ахæлиу æппæт адæмыл. 4) Адамы азарæй иууылдæр тæригъæдджынтæ систы. Чырыстийы фæрцы та æрцæрдзысты (1Кор. 15:22), сæ ныййарджытæ чырыстон уыды- сты, æви нæ, уый нæ хынцгæйæ. Сæйрагдæр у - Чырыстийы мидæг уæвын (Рим. 5:17). 82
КАИН КÆМ РАКУЫРДТА УС? „Адамы фырт Каин кæм ссардта усТ Уыцы фарстæн дзуапп дæтты Библи: „Сифы райгуырдмæ Адамыл цыди 800 азы æмæ йын райгуырд фырттæ æмæ чыз- джытæ" (Быт. 5:4). Уæдæ уæд Адамæн фырттæй фæстæмæ уыди чызджытæ дæр, уыдонæй кæцыдæры, æвæццæгæн, ракуырдта Каин. Уый Сифы райгуырды фæстæ ацыд Хуыцауы цæсгомæй Ноды зæхмæ (Быт. 4:11-12). Хуыцау рагагъоммæ дæр зыдта, Каин зæххы куыстгæнæг кæй уыдзæн, уый æмæ йæ бауырндзæн, Зæхх ын кæй не ’фтауы йæ тыхыл тых æмæ гъе, уый бам- баргæйæ, ныххиздзæн, Нод, зæгъгæ, чи хуыйны уыцы зæхмæ. Мах нæ зонæм, Каин зæххы куыст цал азы фæкодта, йæ ралгъы- сты фæстæ, фæлæ нæ бон фидарæй зæгъын у, уыцы зæхмæ кæй ацыд Адамы фырт Сифы æмæ йæ чызджыты райгуырды фæстæ. Йæ бон уыд Адамы чызджытæй искæцыйы ракурын æмæ уыи- мæ Ноды зæхмæ ацæуын. Фæлæ куыд хъуамæ ракуырдтаид Каин йæ хойы? Тугхæстæджы курын Мойсейы закъон куы нæ уагъта, уæд? Фæлæ Каин царди Мойсейы закъоны агъоммæ, хоты курыны бар куы уыди, уæд, стæй канд Адамы фырттæ нæ, фæлæ ма Авраам дæр ракуырдта йæ хойы (Быт. 20:12). КÆДÆМÆКУЫД? „...Куадзæн мах бæрæг кæнæм Юлыаны къæлиндармæ гæсгæ, протестанттæ та Григорианы нымадмæ гæсгæ. Уыдонæй кæцы къæлиндар растдæр у æмæ чирастдæр бæрæг кæны куадзæн?" Куадзæн растдæр уый бæрæг кæны, йæ зонд Чырыстийы руаджы кæмæн райхъал, ног зæрдæйы уаг чи райста, Хуыцауы сывæллон чи сси æмæ Хуыцауы фарнæй чи цæры, Чырысти рай- гас, ууыл æууæндгæйæ. Сæйрагдæр ам æмгъуыдтæ не сты, чи кæд кæны Куадзæн, уый, фæлæ факттæ. Чырысти райгас 2000 азы бæрц раздæр. Къæлиндартæ та арæзт сты зæрдаивæй. Зæгъæм, 83
Григорианы къæлиндар Хуры рæстæгæй зайы алы 400 азы дæр 2 сахаты, 52 минуты æмæ 48 секунды фæстæдæр. Уымæ гæсгæ сыл æууæндæн нæй нæдæр сæ иуыл, нæдæр се ’ннæуыл. Уырнæг адæймагæн - алы хуыцаубон дæр Куадзæн. Аргъуан хорз уымæй кæны, æмæ афæдзы дæргъы иу хатт саразы сæрмагонд бон сæрмагонд æмбырд Чырыстийы райгасы кадæн. Кæцы къæлин- дармæ гæсгæ? Уый æппындæр ницæуыл дзурæг у. Сæйрагдæр, цæмæй зара зæрдæ: „Чырысти райгас, мæлæтæй фæуæлахиз мæлæтыл, МÆНÆН та, ингæны уæвгæйæ, цард ралæвар кодта". Иу кæддæр дам, лæг йæ фыртæн зынаргъ лæвар ракодта йæ гуырæн бон. Цалдæр азы фæстæ фырт йæ фыды зæрдыл æрлæу- уын кодта, дæ лæвар, - уыцы алæмæты рæсугъд къопп (шкатул- кæ) нæ хæдзары зынгæ ран лæууы, зæгъгæ. - Цавæр къопп? - дисы бафтыд фыд. - Нæ хъуыды кæнын. Никуы дын цыма ницавæр къопп ралæвар кодтон! Ралæвар дын кодтон зынаргъ дур къоппы мидæг... Фырт уайтагъд бамбæрста, къоппы рæсугъддзинадыл дис кæнгæйæ, дзы кæй ферох йæ байгом кæнын æмæ йын йæ хуыл- фмæ ныккæсын. Ахæм æмбисæндтæ æрцæуы дины дæр. Аргъуан кæддæриддæр цæттæ у йæ къæлиндармæ гæсгæ кусынмæ, суанг „туг акалыны онг". Чырысти та зæгъы: „Куырм фæтæгтæ, къо- гъойы фæрсудзынц, теуайы та аныхъуырынц (Мф. 23:24). ЗАРДЖЫТÆ ЗАРДЖЫТÆН „...Фæнды мæ зæгъын, дæ Беседæтæ тынг цæуынц мæ зæрдæмæ. Бирæ циндзинадмын хæссынц. Фæлæмæм иуфарст ис„3арджытæ зарджытæн", зæгъгæ, уыцы чиныгæй. Цы амоны ахæм ныхас: „Йæ галиу къух мæ сæры бын, рахизæй та мын хъæбыс кæны?" Ау, уый куыдуыдзæн Сыгъдæг Уды ныхасГ Библийы иннæ чингуыты хуызæн уый дæр махæн Хуыцауæй лæвæрд у, Соломоны фæрцы. Æмæ дзы кæд Суламитæйы куыд уарзы, уый тыххæй дзуры, уæддæр дзы израилæгтæ уыдтой Израилмæ Хуыцауы уарзондзинады æвдисæн. („Æнусон уарзтæй 84
Æз бауарзтон дæу"). Æмæ уый æцæг афтæ у. Фæлæ хъыгагæн Израилмæ нæ разынд ахæм уарзондзинад Хуыцауы уарзон- дзинадæн дзуаппæн. Махæн, ома, чырыстæттæн уыцы чиныг, нывтæй æвдисæгау, æвдисы Чырыстийы уарзондзинад Израилмæ - Йæ Аргъуанмæ. Чырыстийы уарзондзинады ад чи бавзæрста, зæрдæбынæй Йæ чи бауарзта, уый бамбардзæн æнæ уæлдай ныхасæй, чиныг „Зар- джыты зарджытæ" бирæ арф хъуыдытæ кæй æвдисы, уый. Фæс- номыгæй дзы æвдыст цæуы сыгъдæг уарзондзинад, Йæ дзыхæй „сызгъæринтæ" кæмæн хауы, Йæхæдæг æнæхъæнæй та - зæлда- гау „фæлмæн" Чи у, уымæ, „Æппæт адæмты фырттæй рæсугъд- дæр чи у", йæ иузæрдион цоты уарзондзинадæй æххæстдæр чи у, уыцы Чырыстимæ. Кæсут уыцы чиныг, кувгæйæ, лæмбынæг æмæ дзы уæ бон уыдзæн уæ удæн бирæ пайдайаг хъуыдытæ рахатын. Раст зæгъгæйæ, неппæтæн дæр арæхдæр æмбæлы, Уæларвон Усгурмæ нæ уарзондзинад цас тыхджын у, уый бæрæг кæнын. Чырыстийы цымæ нæ зæрдæйы дарæм, Суламитæ йæ уарзоны куыд дардта, афтæ, æви нæ? Афтæ тынг Æй цымæ мысæм, Сула- митæйы хуызæн, æви нæ? Æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсæм Йæ ’рцыдмæ? Йæ уарзондзинадæн Ын аккаг дзуапп дæттæм? Уыцы фарстытæн сеппæтæн дæр алчи дзуапп хъуамæ агура йæхи зæрдæйы мидæг. ГАЛИУ ХАТДЗÆГ „...Ды тынг карзæй фыстай карз носты ныхмæ, фæлæ нæ зоныс, Библи йæхæдæг куыд стауы нуазаг адæмы, уый. Бакæс ма Соло- моны æмбисæндты цы фыст ис: „Йе сæфты къахыл лæууæгмæ бадæтт карзност, маст удæн та-сæн" (Пр. 31: 6). Ма раскъуын, дæ хорзæхæй, уыцы фыст 31 -æм сæргондæй. Æмæ бакæс сæргондæн йæ райдиан, æппынфæстаг 1-9 стихтæ æмæ дæ æнцонæй бауырндзæн, Хуыцауы Фыстæг амидин кæны нуазынмæ нæ, фæлæ нозтæй хи бахизынмæ. Ам ныхас цæуы 85
Падцзах Лемуилыл, уый аздæхти сылгоймæгтæм (ст. 3) æмæ нозтмæ (ст. 4). Æмæ йын фæдзæхсынц ныййарæг мады номæй, сæфты фæндагыл ма цу, зæгъгæ. Мад æм сиды, цæмæй йæ зæрдыл æрлæууой мæгуыртæ, тыхст цардæй чи сфæлмæцыд, йæ зæрдæ кæмæн асаст æмæ сæфты къахыл чи ныллæууыд, уыдон. Ахæм адæймагæн, чи зоны, карз носты иунæг хуыпп дæр исты пайда фæуа. Фæлæ уый ууыл дзурæг нæу æмæ нуазын æмбæлы, стæй ма ноджы фыднозт, дæ сæр дæ фат фæхауыны онг. ХУЫЦАУÆН ЛÆГГАД КÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ „...Дис мæм кæсы, ды куыннæ зоныс, сауджын кæм нæй, уым Хуыцауæн лæггад кæнынæн йæ кой дæр нæй?" Тынг хорз зонын уый æмæ иттæг разы дæн дæ ныхасæй. Хуы- цауæй бузныг, мах неппæт дæр, уырнæг адæм Хуыцауæй лæва- рæн райстам Сауджын, суанг ма сæйраг, фыццаг Сауджыны дæр, нæ Хицау Йесо Чырыстийы. Неппæты дæр хъæуы сауджын. Стæй тынг æхсызгон. Æнæ сауджынæй баввахс уæвæн нæй, суанг зæдтæ дæр ма сæ цæсгæмттæ Кæй цур бамбæхсынц, Уымæ (Ис. 6:2). Æмæ Хуыцау Йæхæдæг бамæт кодта Сауджыныл, нæ Иумæйаг Минæварыл æмæ Йæ радта адæмæн. Хуыцауы фыстæг афтæ амоны: „Нæ тæригъæдтыл куы фæ- фæсмон кæнæм, уæд Уый Йæхæдæг, æнæтæригъæд уæвгæйæ, ныххатыр кæндзæн махæн æмæ нæ асыгъдæг кæндзæн алы æнæрæстдзинадæй. Мæ уарзон сывæллæттæ! Ацы ныхæстæ уæм уымæн фыссын, цæмæй тæригъæд ма кæнат. Фæлæ исчи тæригъæд куы ракæна, уæд махæн Хуыцауы раз ис минæвар, Йесо Чырысти, Рæстгæнæг. Афтæ амоны Евангели. Уый ахуы- рад чи нæ нымайы, кæй зæрдæмæ нæ цæуы, уымæн та йæ хуыссæнуат уыдзæн цыбыр, йæ къæхтæн дзы адаргъгæнæн нæ уыдзæн, йæ хъæццул та хæрз нарæг, йæхи æрбатухын дзы нæ фæраздзæн, нæ йыл æххæсдзæн" (Ис. 28:20). 86
ЦЫ ДЗУАПП РАРДÆУА? „...Алы аз дæр Цыппурсы бæрæгбон куы æрбацæйхæццæ кæны, уæд мын мæ хæлар дзуттаг, ме ’мкусæг афтæ фæзæгъы: „сымах чырыстæттæ уæхæдæг уæхи сайут, Чырыстийы Мессияйыл, ома Хуыцауы Фыртыл кæй нымайут, уымæй". Ме ’мбалмæ гæсгæ Чырысти Йæхæдæг Йæхи скодта Хуыцау, уæвгæ та ничи у. Æз та æфсæрмы фæкæнын, раст уын куы зæгъон, уæд, Библи биноныг кæй нæ зонын, уымæй, æмæ йын аккаг дзуапп радтын мæ бонуæвгæ дæр нæу. Уымæ гæсгæуæ курын, мæ бæсты дзуапп радтут...и Дæ хæлар-дзуттаг, æвæццæгæн, æууæнды йæхи пахуымпар- тыл. Æмæ йын зæгъ, Зæронд Фæдзæхсты пахуымпартæ куыд æнхъæл уыдысты, афтæмæй Чырысти хъуамæ райгуырдаид Иудейаг Вифлеемы (Мих. 5:2). Пахуымпартæ куыд дзырдтой, афтæ иу цасдæр заманты сæ ныхас æрцыди (Лук. 2:1-7). Уыдон куыд æнхъæл уыдысты, афтæмæй Чырысти хъуамæ райгуыр- даид æнæмойдзыд Чызгæй (Исаия 7:14). Æмæ уыцы хабар æцæгдæр æрцыд (Мф. 1:18-25). Куыд æнхъæл уыдысты, афтæмæй Чырысти хъуамæ равзæр- даид Авраамы мыггагæй (Быт. 12:3, 17:7), стæй Давиды хæдза- рывæндагæй (Иерем. 23:15). Æмæ куыд æнхъæлмæ кастысты, уыдæттæ иууылдæр æрцыдысты æнæ фæрæдигæ фæивгъуыйгæ (Мф. 1:1). Цæвиттон, зæхмæ Чырысти-Мессийы æрцыды тых- хæй æппынкъаддæр 50 хатты хæрз иухуызон æмгъуыдтæ баца- мыдтой пахуымпартæ æмæ нæ фæгæды сты, куыд загътой, афтæ æрцыд. Уымæ гæсгæ Йесо Чырысти Йæхæдæг Йæхи скодта Хуы- цау, зæгъгæ, уыцы ныхас мæнг у. Историйы дыууæ мин азы равдыстой, Чырысти Хуыцауæй лæвæрд кæй у, зæххон адæм Æм æппындæр кæй ницы бар дарынц, уый. Мæ дзуаппæн кæронбæттæны ма мæ уый зæгъын фæнды: дæ дзуттаг хæларæн бамбарын кæн, уадз лæмбынæг раиртасæд Хуыцауы Фыстæг æмæ цалынмæ нæма байрæджы, уæдмæ æр- фæсмон кæнæд. Чырысти у æцæг Месси, тæригъæдджынты Ир- вæзынгæнæг. 87
АДÆЙМАДЖЫ ФЫРТ „..Æз райстон мæ фыдæлты дин. Махуырны, Йесо Хуыцау кæй нæу, фæлæ у Назаретаг пълотник. Стæй Йæхæдæг дæр Йæхи Адæймаджы Фырт хуыдта, адæм та Йæ Хуыцауы Фырт схуы- дтой..." Ды райстай дæ фыдæлты дин фæлæ фыдæлтæ - сты адæм. Уымæ гæсгæ æнæ рæдигæ нæ уыдаиккой. Æппæтæй хуыздæр у уырнындзинад Хуыцауы амындæй райсын, цы Фыстæг ныу- уагъта, уый фæрцы. Æцæгдзинадæй Йесо Чырысти дыууиссæдз хаттæй къаддæр нæ загъта, адæймагæй райгуырдтæн, зæгъгæ. Фæлæ ды кæцæй хъуамæ зонай, уыцы алæмæты номæй, „АДÆЙ- МАДЖЫ ФЫРТ, зæгъгæ, уымæй Чырысти цы зæгъынмæ хъа- выд, уый? Уыцы ном хæссынæн Чырыстимæ уыди Йæхи хъуы- дытæ, Адæймаджы Фырт Йæхи цæмæн хоны, уый тыххæй. Æмæ йæ науæд уæхæдæг не ’мбарут, Библи куы фæкæсут, уæд: „Мæ- нæй æмæ Мæ ныхæстæй чи фефсæрмы уа, уымæй фефсæрмы уыдзæн Адæймаджы Фырт дæр". Уыцы ныхасы фæстæ ма Чырыстийы схонæн куыд ис Назаретаг пълотник? 0, æнæмæнг уыди пълотник, уыди буарæй конд, æндæра Йын ничи ницы бамбæрстаид. Фæлæ уæвгæ та Хуыцауы Фырт у. Ды - израи- лæгты паддзах Дæ (Ин 1:49). Афтæ йæ схуыдта муртат (Мф. 27:40-42). Афтæ Йын раарфæ кодта Марфæ дæр (Ин. 11:27). Суанг ма Йæ фыдгул дæлимонтæ дæр схуыдтой Хуыцауы Фырт (Лк. 4:41; Мк. 1:24). Дæуæн та æрмæстдæр ивгъуыд хорз адæймаг у, „Назаретаг пълотник". Цы зæгъæн ис? Æрцæудзæн рæстæг æмæ дæхæдæг бамбардзынæ дæхи ахъаззаг рæдыд. Адæмæн ис Хуыцауы сывæллæттæ уæвæн, фæлæ Уый та Хуы- цауæн Йæ Фырт у. Куыд Адæймаджы Фырт, Чырысти адæмæн бацамыдта сæ Фыды æмæ Йæ рæстæг куы ’рхæццæ уа, уæд сæ разы æрлæудзæн Йæ кад, Йæ радыл, куыд сеппæты Фыд. Уыди лæггадгæнæг дæр æмæ Паддзах дæр. Адæймаджы Фырт адæмæн æмбарын кодта ацы дунейы сахъат цард, йæ мæнгарддзинад. Хуыцауы Фырт адæмæн амыдта уæлæрвтæм, - удæй чи сног, уыдонæн ног бынатмæ. Зæгъынмæ та дын уый хъавын, æмæ 88
иунæг адæймаг дæр дæ ныхасыл нæ баууæнддзæн, Йесо Назаре- таг пълотник йедтæмæ ницы уыди, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ дын мæ хуыздæр дзуапп: ахъуыды кæн дзæбæх, цалынмæ ма дын рæстæг ис, уæдмæ, науæд байрæджы кæндзынæ. „ÆБУАЛГЪЫ РÆМЫГЪД" „...Æрæджы Лос-Анжелесы уыди астрономийы ахуыргæндты æмбырд. Уыдон æрцыдысты дунейы алы кæрæттæй. Бирæ тæр- хæтты фæстæ номдзыд ахуыргонд Вильям Баум наукæты национ академийæн фехъусын кодта, ахуыргæндтæн сæ фылдæр кæй æрцыдысты иу хъуыдымæ: дун-дуне равзæрди иу æбуалгъы срæмыгъ- дæй, стæй, дам, стъалытæ æмæ планетæтæ, суанг нæ зæхх дæр семæ, афтæмæй сты уыцы „рæмыгъды" стъæлфæнтæ æмæ тæгæл- тæ æмæ ныр фæсындæгдæр кодтой сæ зилдух. Ахæм æбуалгъы хабарæн цымæ исты иудзинадуа Библиимæ?" Хуыцау куыд рафæлдыста дун-дунейы? Ничи йын ницы зо- ны!.. Æмæ нæ, æвæццæгæн, йæ зонын ницæмæн хъæуы. Зонæм - „Хуыцау загъта æмæ цы загъта, уый фæзынд". Мæгуыр уыцы ахуыргæндтæ сты, дуне рафæлдисæгæн аккаг аргъ чи нæ зоны. Ау, æппын ницæмæй цы хъуамæ срæмудза? Æппын ницæмæй хъуамæ цавæр „тæгæлтæ" æмæ „къæрттытæ" расхъиуа? Библи зæгъы: „Райдайæны Хуыцау рафæлдыста арв æмæ зæхх". Æмæ мæ куы бафæрсат, арв æмæ зæхх цæмæй рафæлды- ста, зæгъгæ, уæд уын дзуапп ратдзынæн: Хуыцау алцыдæр кæны ЙÆХИЦÆЙ, уымæн æмæ ÆНÆ ЙÆХИ НИЦЫ ИС. Библи фыссы: „Афтæ Хуыцауы ныхасмæ гæсгæ равзæрди дун-дуне æмæ нæм цы зыны, уыдон равзæрдысты æнæзынгæйæ". Фæлæ дун-дуне Хуыцау нæу. Æмæ Хуыцауы куы бафæндид дун- дуне æрбадæлдзæх кæнын, уæддæр Йæ ахадындзинад нæ фесæфид, нæ бахардз кæнид иунæг атом дæр Йе стырдзинад, Йæ домбайдзинадæй. Хуыцауæн неппæт дуне рыджы мурæй уæлдай нæу. Хуыцау у æнæкæрон, нæ Йын райдиан ис, нæ фæуæн. Зæххыл цæргæйæ 89
мах никуы базондзыстæм Хуыцауы рафæлдыст дунейæн йæ бæрц, уымæн æмæ æнæкæрон у, Хуыцауæн Йæхи хуызæн, сбарæн ын ницы мадзалæй ис йæ уæрхæн, кæнæ йæ дæргъæн. Нæй кæрон Хуыцауы домбайдзинадæн дæр, æмæ астрономты фæлтæрæнтæ, уыимæ Вильям Баумы фыдæбæттæ дунейы рафæлдысты æцæгдзинад базоныны фæдыл сты бынтон дзæ- гъæл куыстытæ. Уый бæсты Библийы фыццаг стихмæ æркæсут, æмæ уæ сæртæй ныллæг æркувут, уæлæрвты арв Чи рафæлдыста, Уымæн. Дун-дуне рафæлдыста уарзондзинады Хуыцау. Стæй дунейы æппындæр ницы ис хицæнгонд, æппæт иннæ æрдзæй иртæст, иппæрд хай. Уый уымæн æмæ дуне арæзт у, æнæбæрæг æбуалгъ срæмыгъды фæрцы нæ, фæлæ Хуыцауы закъонмæ гæсгæ, æнæхъæнæй, иугондæй, кæрæдзи æхсæн æнгом бастæй. Куыннæ ис æнæзындгонд, æбæрæг диссæгтæ дунейы. Æмæ дзы алцы дæр арæзт у Сфæлдисæджы фæндонмæ гæсгæ. Про- фессор Бетекс афтæ загъта, æвæццæгæн, дам, хур æппæт пла- нетæтимæ иумæ бастæй дæ цæстытыл судзины быны йасæй ауа- ди, зæгъгæ, уæд дæ бахъæуид иуварс 15 километры æдтæдæр ацæуын, цæмæй та ногæй ссарæм уыцы „судзины бын", хæстæг- дæр нæм цы стъалы ис, уый æвдисæг. Уæдæ нæм арвы риуыл су- дзины быны йас чи зыны, уыцы стъалыты нымæц та хæццæ кæны æртæ минæй фылдæрмæ. Уæвгæ та сæ нымæцæн кæрон дæр нæй. Цы хъуамæ зона уæдæ зæххон адæймаг утæппæт уæларвон диссæгтæн! Бынтон хæрз чысыл цыдæртæ!.. Астро- номты, æвæдза, хъуыди æмхуызонæй уыцы æмбырдæй сæ зон- гуытыл æрлæууын æмæ скувын: „0, Хуыцау, уæдæ цæй æнæ- кæрон стыр Дæ! Куыд егъау Дæ!" Фæлæ се ’мбырд рауад бынтон хуымæтæг. Дун-дунейы диссагæй ницы ссардтой. Æрмæст сæ бауырныдта: „æрцыди кæддæр кæмдæр æбуалгъы рæмыгъд". „Рæмыгъдæй фæйнæрдæм ныппырх сты алы ас згъæлæнтæ, муртæ, фæрчытæ, схъистæ, къæрттытæ. Æмæ гъе, уыдонæй равзæрд хур, мæй, стъалытæ..." Мæнмæ гæсгæ та срæмыгътой уыцы ахуыргæндтæн сæхи сæры мæгъзтæ, дуне Рафæлдисæгæй фæстæмæ, сæ Ирвæзынгæнæгæй фæстæмæ, æппæт дæр чи зоны, уыдонæн. 90
ЦЫ АМОНЫ ТÆРИГЪÆД РАКÆНЫН СЫГЪДÆГ УДЫ НЫХМÆ „...Бакастæн иу ахæм фыст, зæгъгæ, Сыгъдæг Уды ныхмæ тæригъæд ракæнын хатыргонд нæ цæуы нæдæр ацы æнусы, нæдæр фидæн заманты. Уый цавæр тæригъæд у уагæр?" Уыцы тæригъæды æмбарынц алы хуызы. Æз афтæ æнхъæл дæн æмæ Сыгъдæг Уды ныхмæ тæригъæд - лæг амарын нæу. Савл архайдта чырыстæтты марыны фыдгæнды æмæ йын барст æрцыд йæ тæригъæд. Уыцы тæригъæд давын дæр нæу. Æндæра Хуыцау нæ ныббарстаид Закхейæн. Стæй хæтын дæр нæу. Уæд Чырысти нæ ныббарстаид хæтаг сылгоймагæн æмæ йæ нæ афæндараст кодтаид мæнæ ахæм ныхæстимæ: „Цæугæ æмæ ны- рæй фæстæмæ тæригъæд мауал ракæн". Уæдæ æлгъыст дæр нæу: иу ахæм бæрæгбон Хуыцау бахатыр кодта æртæ мин тæригъæд- джынтæн æмæ се ’хсæн чысыл нæ уыд æлгъитаг адæймæгтæ. Сыгъдæг Уды ныхмæ тæригъæд - уый у Хуыцауы ныхмæ. Фыд-зæрдæтæ! Зæрдæйæ æмæ хъустæй æнæсунæт адæм! Сымах æдзух Сыгъдæг Уды ныхмæ лæуут, куыд уæ фыдæлтæ, афтæ сымах дæр" (Ап.хъ. 7,51). Адæймагæн йæ бон у раст не ’мбарын, Чырысти Хуыцауы Фырт кæй у, махæн та нæ Ирвæзынгæнæг, уый. Фæлæ йын Хуыцау хатыр кæны, цалынмæ йын Сыгъдæг Уд нæ раргом кæна, уæдмæ. Иуахæмы Чырысти адæймаджы зæрдæйæ фæсырдта хæйрæджыты. (Мф. 12:22-32). Æмæ цæмæй Чырыстийы лхыскъ кæной, уый тыххæй фарисейтæ ахъæр код- той, уый хæйрæджыты къниазы куыст у, зæгъгæ. Уый у Сыгъдæг Уды рафауын, - ахæм тæригъæд, кæцы хатыргонд нæ цæуы нæдæр абон, нæдæр фидæны. Фарисейтæ хорз зыдтой, знаггад знаггадæй фесафæн нæй, фæлæ алы цъыфкалæн æмæ æфхæ- рæнтæ фæкодтой Йесойæн сæ фырмæстæй, сæ фырхæлæг æмæ фырæдзæстуарзонæй, нæ Йæ нымадтой Хуыцауы Фыртыл дæр. Адæймаг æрдзæй хъæбæрзæрдæ куы рахæссы, æмæ уый фыдæй Чырыстийы сидт куы ницæуыл нымайа, Йæ ныхмæ куы лæууа, Чырысти æппæт дунейы тæригъæдты сæраппонд Йæхи мæлæтмæ радта, уый зонгæйæ, стæй та мах сраст кæныны 91
тыххæй ногæй райгас, уый æмбаргæйæ, - уæд цæуы Сыгъдæг Уды тæригъæды. „Æз не ’руадздзынæн, æмæ адæм Мæ Уды ма- цæмæ дарой", - зæгъы Хуыцау. ЦЫУФАРН? „...Нæ ныхасы арæх фæзæгъæм „фарн". Æмæ мæ фæнды бафæр- сын, ды куыд æмбарысуыцы дзырдГ Фарн, - уый амоны „хорзæх дæттын". Уыцы хорзæх дæтты æрмæст Хуыцау. Цы радта Уый адæмæн? Алцыдæр, „цардæн æмæ хæрзæгъдауæн" цы хъæуы, уый. Æппæты сæйрагдæр уый у, æмæ „Радта Йæ Иунæггуырд Фырты, цæмæй Йыл чи æууæнда, уыдонæй мачи фесæфа, фæлæ æнустæм цæра", уый тыххæй. „Фарнæй хайджын стут уырнындзинады фæрцы, уæ хорз хъуыд- дæгты фæрцы нæ, цæмæй мачи хауа фыдбылызы". Фæнды мæ бахахх кæнын: „Ирвæзт стут", йæ бон у, æмæ фервæзат, нæ фæлæ..." Евангели та у цины æмæ хорзæхы хабар. Закъон лæвæрд уыд Мойсейы фæрцы, фарн æмæ æцæгад та равзæрдысты Йесойы фæрцы (Ин. 1:17). Закъонмæ гæсгæ цæ- рын, - уый цагъайраджы цард у. Æмæ уымæн нæ дæтты закъон тæригъæды ныхмæ цæуыны тых, тæригъæдыл уæлахиз кæныны хъару. Хуыцау уый зыдта, æмæ адæймагæн уымæн саккаг кодта ирвæзыны фæндаг фарны фæрцы, уырнындзинады руаджы. Фарнæй хайджын чи у, уый дæр, æвæдза, бынтон зæрдæзæгъгæ цард нæ кæны, стæй бынтон æнæтæригъæд нæу. Фæлæ фæр- нæйдзаг царды уæддæр тæригъæды тых басæтты, азым фесæфы æмæ фæндаг байгом вæййы тæригъæдыл фæуæлахиз уæвынмæ Чырыстийæн Йæхи хъаруйы руаджы. Фарнæй хайджын дæ, уый базонæн ис ахæм бæрæггæнæнтæй: æрвылбон дæхи сыгъдæг кæныс кувынæй, дæ зæрдæ рухс кæныс Евангели кæсынæй, тыхджынæй тыхджындæр кæны дæ чыры- стон зæрдæхæлардзинад, дæ уарзондзинад кæмдæриддæр, тыр- ныс Чырыстимæ, чи нæ Йæ зоны, уыдонæн дæр Æй бамбарын кæнынмæ, дæ мысайнаг дæттыс Евангелийы хъуыддæгтæн, цы 92
дæ „рауæлдай" вæййы, уый нæ, фæлæ дæ фыццагдæр фæрæзтæй, архаис æппæтимæ дæр хæларæй цæрыныл, дæхи хизыс тæри- гъæдæй, æнхъæлмæ кæсыс Чырыстийы Дыккаг Æрцыдмæ. ÆНÆБАСÆТТГÆ ХОТЫХ „...Бирæ фæцардтæн, бирæ федтон æмæ сæмбæлдтæн алыхуы- зон адæмтыл дæр. Иутæ Евангели кæсынц, фæлæ цæрынц, куыд æнæхуыцау адæм, иннæтæ дзы иу рæнхъ дæр никуы бакастысты, афтæмæй сæ цардыуаг æгъдауджын, фæзминаг. Æмæ, æвæццæгæн, хъуыддаг Евангелийы мидæг нæй. Ахсджиагдæр у, адæймаг æцæг адæймаг цæмæй уа, уый. Афтæ нæуГ Гъе уым ис йæ рахæцæн цардæн, цæмæй адæймаг уа æцæг адæймаг, фæлæ уымæн дæр Чырысти хъæуы, Евангели хъæуы. Хуыцау Йесо Чырыстийы рарвыста тæригъæдцжын адæй- маджы аирвæзын кæнынмæ, Хуыцауы Фыстæг та бацамыдта дыууæ хуызы нысаны: æнæхуыцæутты аирвæзыны фæндагыл саразын, уырнæг адæмы та - Чырыстийы хуызæн удыхъæдæй тыхджындæр кæныны фæндагыл. Евангели хъæуы номæй номмæ алы адæймаджы дæр, уымæн æмæ сеппæт дæр кæддæр цыдæр тæригъæды æнæ бацæугæ нæ фесты, сеппæт дæр фæхаудысты Хуыцауы фарнæй, сеппæты дæр хъæуы фервæзын кæнын. Чырыстон адæм та хъуамæ уæлдай стырдæр аргъ кæной æмæ уарзой Хуыцауы Ныхас, стæй йæ æххæст кæной, куыддæриддæр фыст у, афтæмæй. Чырыстон адæм зындзинæдтæ æвзарынц, Хуыцауы Фыстæг кæй нæ зонынц, уый фыдæй. Чырыстæттæн сæ фылдæр тынг хорз зонынц нæхи бæстаг литературæ Пуш- кины, Достоевскийы, Толстойы, Горькийы, алы бон дæр кæсынц газеттæ, фæлæ æртыккаг сæргонды Иоанны ныхæстæ цы амо- нынц, уый та нæ зонынц, стæй сæ уыдон зонын фæндгæ дæр нæ кæны. Мад æркæстытæ кодта иу чиныгмæ; уыцы рæстæджы йæ чысыл чызг та Библи рафæлдах-бафæлдах кодта æмæ касти йæ 93
нывтæм. Мады зæрдæмæ нæ фæцыд уый æмæ йæ чызгæн загъта: „Дæуæн уыцы чиныгмæ æвналæн нæй, уый Хуыцауы чиныг у..." Чызг æрæвæрдта чиныг, уæдæ цы, фæлæ та йæ минутмæ ног рай- ста, нывтæм йæ зæрдæ куыд тынг æхсайдта, уымæ гæсгæ. Æмæ йын дыккаг хатт йæ мад куы бауайдзæф кодта, уæд сывæллон загъта: „Зæгъ-ма, кæд ацы чиныгмæ мæнæн æвналæн нæй, дæхæдæг та йæ кæсгæ дæр нæ кæныс, уæд æй фæстæмæ Хуы- цауæн Йæхицæн цæуылнæ радтыс?" Хуыцауы Фыстæг æнæбасæтгæ хотых у знаггадгæнæг дæли- монты ныхмæ тохы. Уæд куыд хъуамæ ма кæсæм мах уыцы фыстæг, кæд æмæ нæ фæлитой фыдбылызхæссæг нæ алы къах- дзæфæн дæр хъахъхъæны, уæд? Хуыцауы Ныхас у алы чыры- стонæн дæр йæ цирхъ, йæ хотых хахуыргæнджытимæ тохы (Ефес. 6:17) æмæ дзы чи пайда кæна, уый цæрдзæн, æмæ цæры куыд чырыстон. Фæлæ Евангели кæсын æгъгъæд нæу. Зæрдæмæ йæ райсын хъæуы хæстæг, Давиды хуызæн: „Дæ дзырд дын мæ зæрдæйы арф бавæрдтон". Уæд Евангели суæгъд кæндзæн адæй- маджы йæ тæригъæдты уæззау уаргъæй, суыдзæн ын йæ царды хос; æмæ уæд ныфсджынæй зæгъæн ис: ахæм адæймаг суыдзæн, канд æнаипп æцæг адæймаг нæ, фæлæ Хуыцауы хъæбул. Уымæн та аргъ дæр нæй. КЕСÆРМÆ ЦЫ ÆМБÆЛЫ-УЫЙ КЕСÆРÆН „...Фæллойгæнæг лæг Америчы фиды стыр хъалон: цыдæриддæр кусы, уымæн йæ цыппæрæм хайы бæрц. Куыд æнхъæл дæ ды та, мæ лымæн, Хуыцауы Фыстæг афтæ амоны?.." ÆНÆМÆНГ афтæ амоны. „Кесæрæн - дæдтут Кесæры хай, Хуыцауæн та - Йæхи хай", - афтæ загъта Уæларвон Ахуыргæнæг (Мф. 22:21). Фæлæ адæм Хуыцауы куыстæн баххуысмæ чъынды кæй сты, фылдæр адæм та æппындæр кæй ницы дæттынц, уый аххосæй кесæрæн фидын хъæуы тынг бирæ, дæ фæллойæн суанг йæ цыппæрæм хай. Чырыстон лæджы æфтиæгты хъалонтæй кесæр дардмæ нæ 94
ахæццæ уыдзæн. Фæлæ Хуыцауæн цы мысайнаг æмбæлы, уый евангелизацийы хъуыддагæн куы радтай, уæд дзы кесæрмæ, зæгъæн ис, ницыуал æрхаудзæн. Социалон царды арæзтадæн та хъалонтæ сты фарнхæссæг, куыд фæзæгъынц: „Дунейæ фæйнæ халы - бæгънæгæн хæдойнаг". КУЫД БАМБАРÆН ИС? „...Дæ Беседæты кæддæриддæр бакæсын бирæ диссæгтæ, фар- стытæ æмæ дзуаппытæ. Мæнæн дæр ма бамбарын кæн мæнæ ахæм фарста: куыд æмбарын хъæуы Чырыстийы ныхæстæ Мат- фейы фыстæй (10:41): „Пахуымпары пахуымпарыл чи нымайы, уый райсдзæн пахуымпары лæеарТ Уыцы ныхасы хъуыды зын бамбарæн нæу, дæхимидæг куы раиртасай, цы амоны „пахуымпары нымайын", уæд. Пахуым- парæн æххуысгæнæг чи у, йæ цардыл ын, куыд Хуыцауы минæ- варыл, чи ауды, гъе уый йæ исы. Ахæм адæймаг кæд йæхæдæг пахуымпар нæу, уæддæр иу афон райсдзæн, пахуымпары лæвар. Цыбыр дзырдæй: „Хуыцауæй райсдзæн хорзæх, куыд пахуым- пар". Чырыстæттæй абон мах рæстæджы миссионертæн æххуыс чи кæны, Евангели адæмы æхсæн парахат кæныныл чи архайы кувынæй дæр æмæ фæрæзтæй дæр, уыдон æнæмæнг райсдзысты, миссионертæн æмæ Евангели амонджытæн цы хорзæхтæ æмбæлы, ахæмтæ. Ууыл æз дызæрдыг нæ кæнын. ХАТЫРЫ ТЫХХÆЙ „...Хуыцауы Фыстæг нын дзуры, Чырысти куыдрадта Йæ ахуыр- гæнинæгтæн тæригъæдтæ хатыр кæныны бар: „Кæмæн ныхха- тыр кæнат, уымæн хатыр уыдзысты, кæмæн сæ ныууадзат, уыдо- ныл баззайдзысты" (Ин. 20:23). Уый куыд æмбарын хъæуы? Уыцы бар аргъуаны кусджытæн лæвæрд нæ цæуы?" 95
„КÆМÆН ныббарат - уыдонæн барст уыдзысты... „Уый ууыл нæ дзуры, æмæ адæймагæн ис бар тæригъæдтæ хатыр кæнын. Уый апостолтæ нæ кодтой, уæлдайдæр та аргъуаны кусджытæ. Тæригъæдтæ хатыр кæныны бар ис æрмæст Йесо Чырыстимæ, уымæн æмæ æрмæст Уый бафыста адæмы хæс дзуарыл тыгъдæй Голгофы. „Алы бар дæр Мын лæвæрд у уæлæрвты æмæ зæххыл дæр", - загъта Чырысти æмæ уыцы бартæ никæимæ бадих кодта фæйнæ хайыл. Ууыл дзурæг сты Хуыцауы Фыстæджы бирæ ныхæстæ (Пс. 128:4. Рим. 5:18). Ноджы ма рохгæнинаг нæу уыцы хабар дæр, æмæ Чырысти Йæ ахуыргæнинæгты алырдæм æрвыста сæрмагонд фæдзæхсты- тимæ: „Мæн Мæ Фыд куыд рарвыста, афтæ Æз дæр æрвитын сымах". Йæ ахуыргæнинæгтæ зæххыл хъусын кодтой, уæлæрвты конд чи фæцис, уыцы хабар - тæригъæдтæ хатыр кæнын. Уымæ гæсгæ ахуыргæнинæгты фæрцы ницы уæлдай хъуыддаг арæзт цыди. Фæлæ дæлæ кæнæм, уæлæ кæнæм, уæддæр хатыр нæй, фæсмон кæм нæй, уым. „Ныббар нын нæ хæстæ, мах нæ хæсджынтæн куыд барæм, афтæ". НОДЖЫДÆР МА ИУ ХАТТ ЧЫРЫСТИЙЫ РАЙГАСЫ ТЫХХÆЙ „...Мах, духобортæ, (ис ахæм дингæнджытæ) дызæрдыг нæ кæ- нæм Чырыстийы райгасыл, фæлæ нæ уырны, кæй райгас æрмæст Йæ уд, буарæй нæ фæлæ. Уымæн æмæ буарæй мард æгас нæ кæны, уый æрдзы закъону" Мæ уарзон хæлар, æмæ дæм куыд кæсы, æрдз Рафæлдисæг цымæ æрдзæн йæхицæй уæлдæр нæу? Чырысти æрдзæн йæхи- цæй бæрзонддæр у, уæдæ циу. Æмæ Йæ хъуыддæгтæ дæр æрдзæй æнæмæнг уæлдæр, кадджындæр, бæрзонддæр сты. Æрдзы закъонты уавæрты батъыссæн нæй Хуыцауæн. Нæ Рафæлдисæг æрдзы бæрны нæй. Фæлæ иннæрдæм. - Æрдз æмæ йæ закъонтæ адæмæн рафæлдыста Бæрзондылбадæг Йæхæдæг. 96
Ды куыд зæгъыс, афтæ Чырыстийæн кæд æрмæст Йæ уд рай- гас, уæд кæм хъуамæ уа Йæ буар та? Байхъус, уæдæ, Йесо Чырыстийы ахуыргæнинаг Пётр цы зæгъы, уымæ: „Йесойы Хуыцау райгас кодта Йæ амæлæты фæстæ æртыккаг бон æмæ Йын радта Йæхи равдисыны бар адæмæн сеппæтæн нæ, фæлæ Хуыцау рагагъоммæ Йæхæдæг кæй снысан кодта, æрмæст уыцы æвдисæнтæн, „куы райгас, уæд ЙЕМÆ ЧИ ХОРДТА ÆМÆ НЫЗТА, УЫДОНÆН" (Ап.хъ. 10:38,40). Уæ зæрдыл нал лæууы, Йесо куы райгас, уæд Йæ ахуы- ргæнинæгтимæ куыд фембæлд Галилейы цады былыл, уый?! Æнæбуар айдагъ удæн йæ бон нæу арт бандзарын, уым кæсаг сфыцын æмæ æхсæвæр Йæ ахуыргæнинæгтимæ иумæ бахæрын. Уый фын нæ уыд. Фæлæ уыд æцæгдзинад. Æмæ Чырысти дæр райгас æцæгдзинадæй - райгас Йæ буар дæр æмæ Йæ уд дæр. ЧИУАХХОСДЖЫН? „...Чиу аххосджын Чырыстийы байтыгъды?Цал æмæ цал хат- ты фехъуыстон, Чырыстийы Йæ цыппар къабазæй дзуарыл байты- гътой муртаттæ, афтæмæй чырыстæттæй та чидæртæ уый дзуттæгты аххос кæнынц, уыдонÆй байтыгътой, зæгъгæ". Чырыстийы БАЙТЫГЪДЫ аххосджын сты дзуттæгтæ дæр æмæ муртаттæ дæр, стæй азæххыл чидæриддæр цæры, уыдон сеп- пæт дæр, уымæн, æмæ дзы иунæг дæр æнæтæригъæд нæу, „сеппæт дæр ракодтой тæригъæд", зæгъы Фыстæг (Рим. 3:23). Чырыстийы байтыгъды сæйрагдæр аххос хауы адæммæ, сæ тæригъæды тыххæй. Раст у, дзуттæгтæ сты аххосджын Чырыстийы байтыгъды. Уый тыххæй фыст ис Евангелийы дæр. Дзуттæгтæ Йæ хъавыды- сты хохы цъуппæй раппарынмæ, хъавыдысты Йæ дуртæй ныххойынмæ, афтæ сын кæй загъта, „Уæ фыд у хæйрæг", зæгъгæ, уый тыххæй. Æмæ та Чырысти куы сдзырдта, „Æз æмæ Мæ Фыд иу стæм", уæд та дзуттæгтæ фæлæбурдтой дуртæм, цæмæй Йæ амарой. Дзуттаг Иудæ гадзрахатæй рацыд Йесойыл æмæ Йæ дзуттæгтæ æрцахстой, фыдмитæ Иын кодтой. Чидæртæ 97
та Йыл тутæ фæкодта. Йæ цæсгом Ын-иу амбæрстой, афтæмæй Йæ надтой. Цавтой, кæмфæнды Йыл ауайæд. Надтой Йæ лæггад- гæнджытæ дæр, Йæ уадултæ цæвгæйæ. Ахуыргæнинаг Пётр аххосджынтыл нымадта дзуттæгты: „Сымах Ын бахостат Йæ къухтæ зæгæлтæй!" (Ап.хъ. 2:22,23). „Царды Хицауы амардтат". „Фæлæ муртаттæ дæр дзуттæй æнаххосджындæр не сты. Чырысти рагагъоммæ Йæхæдæг зыдта, цы Йæм кæсы, уый. „Муртатты къухы Мæ баппардзысты, фыдмитæ Мын бакæнын- мæ æмæ Мæ байтындздзысты" (Мф. 20). Чырысти ма хæрзчы- сыл куы уыд, хъæбысы сывæллон, уæдæй фæстæмæ Йæ фæдыл зылди римаг бæстæйы цæрæгыл нымад фыдæлгъыст æфхæрæг. Æмæ римаг æфсæддонтæ фыдмитæ фæкодтой Чырыстийæн: „Бавдæлдысты æмæ Йæм æрæмбырд кодтой æнæхъæн полкъ, сбæгънæг Æй кодтой æмæ нæмыс ма нал! Йæ буар сырхтæлм афæлдæхт... Мæстæй Йæ мардтой... Тутæ Йыл кодтой... Стæй Йæ аластой дзуарыл байтындзынмæ" (Мф. 27:27-31). Уыцы хъуыддаг бирæтæ кæнынц дзуттæгты аххос, фæлæ дзуттæгтæм амарыны бар нæ уыди, римаг хицауад тæрхон куынæ сфидар кодтаид, уæд (Мф. 26:66; Ап.хъ. 3:15). Муртатт Пилат та Чырыстийæн афтæ дзырдта: „...Мæнмæ ис Дæу бай- тындзыны бар, стæй мæм ис Дæу ауадзыны бар дæр" (Ин. 19:10). Уыдæттæй бæрæг у, Чырыстийы байтыгъды аххосджын сты сеппæт дæр. Æмæ Хуыцауы Фыстæг уымæн амоны: „Фæсмон фæкæнут æмæ раздæхут, цæмæй уæ тæригъæдтæ слæгъз уой" (Ап.хъ.3:19). Æппæты хъыгдæр та ацы хъуыддаджы у уый, милуангай адæмтæ Хуыцауы уарзондзинадыл сæ къух систой, Чырыстийы ноджыдæр æмæ ноджыдæр æфхæрынц, дзыхы ныхæстæй Йæ чи буц кæны, Йæ номæй пайда чи кæны, Йæ былалгъæй Йын чи кувы, хъуыддагæй та нымады кæмæ нæу, уыцы милуангай бирæ адæмтæ. 98
ИОСИФ „...Бакастæн æз мæ бинойнагимæ дæ чиныг „Иосиф". Хорз поэмæ у. Уыцы хабар æз кæддæр сывæллонæй фехъуыстон мæ мадæц. Уыдаид æцæгдæр ахæм хабар дзуттаг царды. Фæлæ дæумæ афтæ цæмæн кæсы, ам æнæмæнг цыдæр бастдзинад ис Чырыстиимæ, зæгъгæ? Кæд, миййаг, æнæнхъæлæджы æрцыд ахæм хъуыддаг, уæд таГ Иосифы царды ИСТОРИ - æнæмбал хабар у, ахæм никуы никæцыран фендæуыд. Æмæ дзæгъæл хуымæтæджы нæ бахауд Хуыцауы Фыстæгмæ дæр. Библийы нæй æнæнхъæлæджы дзæгъæл хабæрттæ. Иосиф у бынтондæр Йесо Чырыстийы фыдæлы сурæт. Уый зын раир- тасæн нæу, Фыстæг лæмбынæг кæсгæйæ. Иосифмæ йе’фсымæр- тæ куыд тынг фыдæх уыдысты, Фыстæджы уый кæсгæйæ зæрдыл æнæ æрбалæугæ нæ фæвæййы Чырысти: „Бацыд Йæхионтæм æмæ Йæ Йæхионтæ сæхимæ нæ бауагътой (Ин. 1:11). Цæуылнæ? Нæ уыд уындджын, фендджын æмæ кадджын (Ис. 53:2)". Иосиф йе’фсымæртæн дзуры, Хуыцауæй цы æргом хабæрттæ фехъусы (йæ фынты), уыдон, фæлæ сæ йе’фсымæртæ ницæмæ æрдардтой, ноджыдæр ма йæм тынгдæр фæфыдæх сты. Иосиф куы ницы дзырдтаид, уæд, чи зоны, æмæ йын йе’фсымæртæ ныббарстаиккой. Фæлæ нæ фæрæзта, стæй йæ фæндыд хъусæй лæууын, æмырдзыхæй бадын. Чырысти зæхмæ æрхызт адæмæн æцæгдзинад бамбарын кæнынмæ. Æмæ йæ дзыхыл куы хæцыдаид, уæд Æй нæ байтыгъ- таиккой. Фæлæ Йæ бон æмырдзыхæй бадын нæ уыд. Йæ мадызæнæг æфсымæртæ Иосифы цæппæрстой æрхы. Уый уæдæ Чырыстийы крест нæу? Фæлæ æппæт зындзинæдтæ æмæ хъизæмæрттæ уынгæйæ Хуыцау уæддæр уыд Иосифы фарс, нæ Уæларвон Фыд Чырыстийы фарс куыд уыд, афтæ Адæймаг Чырыстийы байтыгъта, Хуыцау та йæ райгас кодта. Адæймаг Чырыстийы æрæвæрдта дзуарыл, Хуыцау та йæ сæвæрдта пад- дзахы бынаты. Хуыцауы фæндæй Иосиф сси æгас Египеты зæххыты хицау, 99
Иосифы ус (муртат) та цæстытыл уайын кæны Чырыстийы фидæны Аргъуан. Ус йæ лæг Иосифы хъысмæтæй йæхи фæхай- джын кодта, æрмæст æрхы нæ, фæлæ йæ кадмæ куы схызт, уæд. Афтæ Аргъуан дæр йæ кадæй æнустæм фæхайджын кæндзæн Чырыстийы. Иосифы æфсымæртæ фыдæвзарæнтæ фæкодтой æмæ сæ фыддзæсгом систы куыд тæригъæдджынты сурæт æвдисæг. Иосиф ныббарста йе’фсымæртæн. Чырысти хатыр кæны фæс- монгæнæг тæригъæдджынтæн. Куыд уынут, афтæмæй Иосифы царды истори канд зонды хос нæу. Уый у нæ ирвæзынгæнæджы фидæны сурæт, æмæ йын банымайæн никæд ис „æнæнхъæлæджы æрцæугæ кæрæдзи æнгæс хабарыл". АХСДЖИАГ ФАРСТА „...Арфæ дын кæнын дæ Беседæты тыххæй. Мæ зæрдæмæ тынг цæуынц æмæ сæ æхсызгонæн кæсын. Фæлæ курын æмæ мын бам- барын кæн: цæмæ гæсгæ хонынц адæм Чырыстийы Хуыцау? Ахъуы- ды ма кæн ахæм стихыл: „Иаковæй райгуырд Иосиф, Марияйы лæг, Йесо райгуырд Марийайæ æмæ Йæ хонынц Чырысти". Уый уæдæ бæлвырд æвдисæн нæу, Чырысти зæххон адæймагæй кæй райгуырд, уымæн?Æвæдза, тынг ахсджиаг фарстау, Чирайгуырд, уымæн Йæ ныййарæгæй уæлдæр уæвæн кæй ницы хуызы ис, уый. Æппындæр дызæрдыг нæумæнмæ гæсгæ. Дæумæ гæсгæ та?" „Æнæмæнг, ахсдждиаг фарста у. Æмæ йæ уымæ гæсгæ иунæг стихæй, æнæ иннæтимæ бастæй нæ бамбардзынæ. Евангелист Лука ранымадта Чырыстийы ныййарджыты фæд-фæдыл, адæймагæй дзы чи райгуырд, уыцы таг кæрæй-кæронмæ. Æмæ загъта, Йесо у Хуыцауы Фырт (Лук. 3:28-36). Ничи йын ницы æмбары, адæмы ирвæзын кæнынæн Хуы- цаумæ ахæм пълан цæмæн фæзынд: Йæ иунæг Фырты фæрцы зæххон адæмимæ бахæстæг уæвын, дунейæн Йæхи базонын кæнын, æнæцыд Марияйы хуылфы алæмæты гуырдз бауадзыны 100
фæрцы, Хуыцауы фæрцы, Хуыцауы Фыстæджы уый кой тынг арæх у. „Æз æмæ Мæ Фыд, - Иу стæм" (Ин. 10:30), - афтæ загъта Йæхицæй Йесо. Чырыстийыл та куыннæ ис æууæндæн. Гæды- дзинад æм æввахс дæр нæй æмæ нæ уыд. Дæ фарстæн дзуапп ссарæн ис Филиппийæгтæм писмойы, 2:6-11. Чырысти ивгъуыд заманты уыди Йæ Фыд Хуыцауы æмрæнхъ, фæлæ тæригъæдджынты аирвæзын кæныны тыххæй Йæхæдæг Йæхи ныллæг бынатмæ æруагъта æмæ Йæхицæн сак- каг кодта зæххон сылгоймагæй райгуырын; уый адыл Йæ бахъуыд Хуыцауы закъон кæрæй-кæронмæ æххæст кæнын, куыд зæххон адæймаг æмæ бынтон æнæ аххосæй амæлын аххос- джынты сæраппонд. Йæ Уд никуы райгуырд. Уымæ гæсгæ у æнусы Фыд (9:6-8). Хуыцауы Фырт та Йæ уымæн схуыдтой, æмæ Йæ гуырдз равзæрд Хуыцауы алæмæты архайды фæрцы, цыбыр- дзырдæй - шихæй гуырд кæй фæхонынц, ахæм. Зæд Марияйæн загъта: „Сыгъдæг Уд дыл æрцæудзæн, æмæ дæ Хуыцауы хъару æраууон кæндзæн, уымæ гæсгæ Чи райгуыра, Уыцы Сывæллон хуыйндзæн Хуыцауы Фырт" (Лук. 1:3). Афтæ суанг дуне рафæлдисыны агъоммæ нысангонд кæй æрцыд, уымæ гæсгæ Хуыцауы æртæ цæсгомы уынаффæйы сны- сан кодтой Чырыстийæн райгуырын Хуыцауы фæндæй. Хуы- цауæн нæй нæдæр ивгъуыд заман, нæдæр фидæн рæстæг, алы афон дæр Уымæн у ныртæккæйы рæстæг. Чырыстийы ахуыргæ- нинаг Павел уымæн зæгъы: Чырысти „алцыппæтæй дæр раздæр гуырд у", зæгъгæ (Кол. 1:15). Йæ мæлæты тыххæй та афтæ фыст ис: „Дуне рафæлдисынæй нывондаг Уæрыкк". Æмæ барвæн- донæй Хуыцауы Фырт кæй сси, суанг ма Хуыцауы цагъайраг дæр, уымæ гæсгæ загъта: „Мæ Фыд Мæнæй стырдæр у" (Ин. 14:29). Уæвгæ та Чырысти уыди, у æмæ æнустæм дæр баззайдзæн Хуыцауы æмрæнхъ кадджын æмæ цытджынæй. Æмæ зæгъгæ дæр уымæн афтæ кодта: „Æз æмæ Мæ Фыд - иу стæм". Йесойы кад адæмæй аразгæ нæу. Уый никуы ахуыр кодта. Йæхирдыгон ахуыргонддзинад райста уæлæрвты. Чырыстийыл хъуамæ ахуыр кæной иууылдæр. „Махæн, ис иунæг Ахуыргæнæг- Йесо", - фыссы Евангели. Чырысти - у сыгъдæг, рухс æнаипп. 101
Суанг ма Йæм Йæ фыды знæгтæ дæр никуы раиртæстой исты аххос, исты азым, æмæ уый тыххæй агуырдтой мæнгæвдисæнт- ты. Æппæты ахсджиагдæр та уый у, æмæ райгас! Будцæйы сыгъ- доны фæнык зæрст æрцыд йæ кувджытыл, йæ кадгæнджытыл. Чырысти райгас æмæ уæлæрвтæм Йæхи систа! Уый мах минæвар у, не ’хсæны Лæг. Сыгъдæг Уд зæххыл ис Чырыстийы бæсты цалынмæ Йемæ сæмбæлæм, уæдмæ. Уый у нæ уырнын- дзинады бындур. Хуыцау чи нæу, ахæмæн лæгъстæ кæнын æмæ кувын уаид, чи никуыма æрцыд, ахæм æнæсæрфат æдылы- дзинад. „Мæн чи нымайы, уый Хуыцауы нымайы", - загъта Чырысти. Йесо нымады кæмæ нæу, уый нæ нымайы Хуыцауы дæр (1 Ин. 2:23). Давид Чырыстийы схуыдта Хуыцау. Йесо Чырысти - Назаретаг пълотник йедтæмæ ничи у, зæххон Иосиф æмæ Марияйы Фырт, Ахуыргæнæг дæр æмæ Пахуымпар дæр нæу, адæмы Ирвæзынгæнæг æмæ нæ Хуыцауыхай дæр нæу, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, уый тынг рæдийы, æбуалгъы рæдыд. Ахæм æмбарындзинад æнæмæнгæй хæйрæгæй рацæугæ у. ПАХУЫМПАРТÆ ИС ÆВИ НÆЙ? „...Мæ зæрдæйы рагæй иу ахæм фарста ис. Иерусалимаг аргъуаны уыди пахуымпартæ. Сымах аргъуаны дæр ис æви нæ?" Хуыцауы ныхас афтæ амоны, Аргъуаны кусджытæй алкæ- мæн дæр Сыгъдæг Уд бахай кæны исты лæвар. Уыцы лæвæрттæй иу у пахуымпардзинад. Фæлæ мах цы дуджы цæрæм, уым пахуымпардзинад хъуамæ Хуыцауы Фыстæгæй уæлдæр ма уа. Уымæ гæсгæ Евангели парахатгæнджытæ æххæст кæнынц па- хуымпары хæстæ, кæд сæм исты зæрдæргъæвддзинад уæле лæвæрд æрцыд адæмимæ зæрдæбынæй дзурынæн, уæд, стæй кæд Евангелийы фыстытæй уæлæмæ ницуал дзурынц сæхæдæг сæхи æгъдауæй, Хуыцауы Фыстæгмæ ницуал æфтауæнтæ кæнынц, уæд. Фыстæг афтæ амоны: „Пахуымпардзинад чи кæны, уый адæмæн дзуры зæрдæфидардзинады ныхæстæ, ныфсы ныхæстæ" (1 Кор. 14:3). Æмæ арфæйаг уыцы пахуымпартæ сты, (мах зама- 102
ны сæ куыд хонынц, афтæ уыцы проповедниктæ), адæмæн Хуы- цауы æцæг Ныхас чи æмбарын кæны, Хуыцауы фæндон сын чи амоны, æмæ сын комкоммæ сæ ирвæзыны раст фæндаг чи нæ фæсаууон кæны йæхи сæрмагонд хъуыдытæ æмæ ныхæстæй, афтæмæй сæ æцæг фарны фæндагмæ чи здахы. Хуыцау хайджын кодта Йæ лæвæрттæй Иерусалимы аргъуаны кусджыты дæр Чырыстийы ахуыргæнинæгты заман. Гъе, æмæ афтæ кæны абон дæр, Евангелийыл фидар чи хæцы, уыцы Аргъуанты. Чырысти- йы ахуыргæнинæгтæн абон дæр Йесойы фарн не смæгуыр. Абон дæр æххæст кæны, зæрдæ цæмæй бавæрдта, уый: „Æмæ уын уый бафæдзæхсдзынæн Мæ зæрдæмæдзæугæ пахуымпартæн, зонды хос уын чи уа, æмæ уæ афтæмæй фарны фæндагыл чи араза" (Иер. 3:15). Хуыцауæн кад, ис нæм ахæм пахуымпартæ. Раст зæгъын хъæуы Аргъуанты нæм ранæй-рæтты хаттгай фæзыны, Хуыцауы Ныхас йæхæдæг бæлвырд чи нæ зоны, йæхи зонд уый бæрц кæмæн не ’ххæссы, уæззау зондыл хæст чи нæу, ахæм кусджытæ дæр, цыбырдзырдæй пахуымпартæ нæ, фæлæ дзæн- гæдадзæгъдджытæ. Фæлæ табу Хуыцауæн, ахæмтæ уыйас не сты. ТÆРИГЪÆДЦЖН ХЪУАМÆ ФÆСМОН ФÆКÆНА „...Иу цавæрдæр журналы фыстай, зæгъгæ, дам, Хуыцау тæри- гъæдджынтæм нæ хъусы. Уæдæ уæд тæригъæдджын бынтон дзæгъæлы кувы... Нæ?" Уый æз нæ загътон афтæ, Фæлæ Хуыцауы Фыстæг амоны „Не Сфæлдисæг тæригъæдджынтæм нæ хъусы", зæгъгæ. Фæлæ рох ма кæнут, Хуыцауæн аргъ чи кæны, æмæ Йæ фæндоныл чи цæуы, уыдоны куывд айсы, хъусы сæм (Ин. 9:31). Евангели та йæ райдианæй йæ кæронмæ афтæ амоны, Хуыцау тæригъæдджын- тæм кæсы фæсмоны тыххæй куывдмæ. Ахæм куывд хъуысы æмæ хатыр кæны тæригъæдджынтæн, саразы сæ ног царды фæндаг- мæ, галиуæй рауайын кæны рæстуды, раст зондыл хæст адæймаг. 103
ФЫСТÆГ РÆДИГÆ НÆ КÆНЫ „...Лдæймаг æрдзæй тæригъæдджын у, зæгъгæ, ахæм ахуырад тынг ныяяæг кæны удгоймаджы. Сывæллоны йæ ныййарджытæ цæуыл сахуыр кæной, уый дзы рауайдзæн. Кæцæй райстат уæдæ сымах, алы адæймаг дæр тæригъæды бæрны цæры, тæригъæды цагъайрагуГ Кæцæй куы зæгъай, уæд - Хуыцауы Фыстæгæй. Уым афтæ амынд ис, „Дуне æнæхъæнæй дæр ныгъуылы фыддзинæдты", „нæй иунæг рæстуд дæр азæххыл". „Тæригъæдджынæй мæ ный- йардта мæ мад". „Хорздзинадæй мæ цы фæнды, уый нæ кæнын, фыддзинад та мæ нæ фæнды, фæлæ йæ кæнын" (Рим. 7:18). Не ’ппæты дæр ссæрибар хъæуы тæригъæдты æмæ фыддзи- нæдты уацарæй. Гъе уый тыххæй æрхызт зæхмæ Чырысти дæр. Адæймаг æрдзæй тæригъæдджын у, уый уымæй бæрæг у, æмæ адæм арæх фæкæнынц, æппындæр сæ цæуыл нæ сахуыр чын- дæуыд, уыцы хъуыддæгтæ. Сывæллон свæййы хиуарзон. Æмæ йæ чи ахуыр кæны афтæ? Йæ ныййарджытæ? Нæ!... Йæ ныййарджытæ йæ ахуыр кæнынц рæдау уæвыныл, цы йæм уа, уымæй иннæмæн хай кæныныл. Фæлæ хъыгагæн ис ахæм ныййарджытæ дæр, йæ сывæллоны галиу зондыл чи æфтауы. „Дæхимæ кæс, макæмæн дзы ратт! Дæхæдæг æй иунæгæй бахæр!" - ахæм фæдзæхстытæ куы хъуса саби, уæд дзы æнæмæнг рауайдзæн хиуарзон. Æмæ ахæм ный- йарджытæ тынг дзæгъæлы фыдæбон кæнынц. Хиуарзондзина- дæй æнæуи дæр фаг хайджын сты мах дуджы цæрæг адæм, æрмæст чи фылдæр, чи къаддæр. Сывæллон коммæ нал фæкæсы. Чи йæ ахуыр кæны ууыл? Ныййарджытæ? Нæ!... Ныййарджытæ сæ цоты ахуыр кæнынц коммæ кæсыныл. Уыдæттæ иууылдæр адæймагмæ сты йæ тæригъæдджын æр- дзыхъæдæй. Уæдæ уæд Хуыцауы Фыстæг не гад кæны адæйма- джы, тæригъæдтимæ гуырд æй схонгæйæ, фæлæ йæхæдæг йæхи æвæры æгады бынаты. Хуыцауы Фыстæг та бацамыдта æрмæст факттæ. 104
ФАРН ФАРНЫ СÆРЫЛ „... Чырыстийы ахуыргæнинаг Иоанн фыста: „Йæ парахат зæр- дæйæ махрайстам фарн фарны сæрыл". Цы амоныуыцы ныхас?" „ФАРН УÆ ФЕРВÆЗЫН КОДТА", - зæгъы Хуыцауы Фыстæг (Еф. 2:5). Уый Чырыстийы лæвар у - ирвæзынгæнæг фарн. Фæлæ ма уымæй уæлæмæ Хуыцау Чырыстийы ахуыргæнинæгтæн радта æмæ уырнæг адæмæн дæтты ноджыдæр иу фарн - Сыгъ- дæг Уды хъару, цæмæй уыдон уой Хуыцауы уарзондзинадæн æвдисæн, ирвæзыны фæндаг чи нæ зоны, уыцы адæмæн. „ДОМЫ..." ,,..Æз домын, цæмæй мыхуыры сæрмагондæй рауадзой ахæм хъуыддаг: Æнæцыд чызг Мария æцæгдæр Йесойы ныййарæг мад у, уый дæ уырны, æви нæ? Стæй Марияйæн йæхи нымайыс зæды æмхуызон шихæй гуырдыл, Чырысти йын æнæ мойæ куыд рай- гуырд, афтæ, æви нæ? Уый дæуырныГ Уырны мæ! (Афтæ амоны Хуыцауы Фыстæг). Стæй уырны, зæгъгæ, уый æгъгъæд ныхас нæу. Марияйы æз иттæг зæрдæ- бынæй нымайын Хуыцауы æвзæрст адæймагыл. „Хуыцау æппæт адæмы æхсæн кæй равзæрста Марияйы, цæмæй Йæ Фырт Йесо Чырысти буарæй райгуыра уымæй. Уырны мæ, сыгъдæджыты æхсæн Мария кæй ахсы æппæты бæрзонддæр, æппæты кад- джындæр бынат. Йæ мæлæты тыххæй æппындæр ницы кой ис Хуыцауы Фыстæджы, фæлæ дзы кæй кæсæм, уыдонæй бæрæг у, Мария баззад Чырыстийы ахуыргæнинæгтимæ æмæ царди æнаиппæй. Ахæмтæ та мæлгæ дæр акæнынц рæстæй, æнæтæри- гъæдæй. Йæ хабæрттæ йын бæлвырд базондзыстæм фидæн æнусты, Чырыстийыл куы æууæндæм, Йæ ныййарæг Ыл куыд æууæндыд, афтæ, уæд. Мария шихæй гуырд у, зæгъгæ, уый тыххæй Библийы ницы кой ис æппындæр. 105
„АФТÆУЦЫМÆ?' „...Фервитын дæм брошюрæ, кæцыйы фыссынц, зæгъæ, дам, Чы- рысты æрцыд адунемæ, стæй цæугæ та æркодта „мигъы къуымбил- тыл", карз хæстыты нысан кæй хонынц, уыдоныл. Цымæ æцæгуГ Нæ, нæ мæ уырны. Мæн уырны Хуыцауы Фыстæг. Уый амо- ны: „сымах æхсæнæй уæлæрвтæм чи систа Йæхи, уыцы Йесо фæстæмæ дæр та зæхмæ æрыздæхдзæн, уæларвмæ цæугæйæ Йæ куыддæриддæр федтат, УЫЦЫ ХУЫЗЫ" (Ап. хъ. 1:11). Чырыс- тийы ахуыргæнинæгтæн афтæ загътой Зæдтæ - „дыууæ лæджы сæнтурс дарæсты". Кæуыл хъуамæ æууæндæм уæдæ: рæдийын йæ хъæды кæмæн ис, уыцы адæмыл, æви зæдтыл? Хæстытæ фæзындысты тынг рагон заманты. Уæвгæ та хæс- тытæн кæрон никуы уыд. Хæстыты æмæ хæстон койтæ кæй фæфылдæр сты, уый у Чырыстийы æрцæуыны нысæнттæй сæ иу, Йæ æрцыд нæ, фæлæ. Чырысти зæхмæ æрхиздзæн, куыд удгоймаг, исты бæрæг бæрæггæнæнты, кæнæ хуызы нæ, фæлæ æрхиздзæн æрмæст удгой- маджы хуызы. Мæрдтæй куы райгас, уæд Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта: „Æркæсут ма Мын Мæ къухтæм æмæ Мæ къæхтæм; ай Æз Мæхæдæг дæн; удæн нæдæр буар ис, нæдæр стджытæ, Мæн куыдæй уынут, афтæ" (Лук. 24:39). Ноджы бæлвырддæр фыст ис уый тыххæй Æргомады чиныджы 1:7: „Мæнæ фæцæуы æврæгъ- тимæ æмæ Йæ фендзæн алкæцы цæст, чи Йæ барæхуыста, уыдон дæр. Цы брошюрæ мæм æрбарвыстай, уый ныхæстæ мæ нæ бауырныдтой. Чырысти æрцыд, зæгъгæ, æууæнд, Зæдтæ кæй зæгътой, ууыл, Евангелийы куыд фыст ис, ууыл, адæм сæхи æгъдауæй кæй дзурынц æмæ кæй фыссынц, ууыл нæ, фæлæ. Æмæ уыдзынæ амондæй хайджын. Чырысти дæр дыккаг хатт æрхизынвæнд кæны рæхджы, бирæ æнхъæлмæ кæсын Æм нал бахъæудзæн! 106
РÆДЫД ÆВИ ТÆРИГЪÆД? „...Диссаг дæм ма фæкæсæд мæ фарст. Æз бирæ хæттыты фехъуыстон, иуæй-иу уырнджытæ куыд фæкувынц, уымæ: „Стыр Хуыцау, бахатырмын кæнмæрæдыдтытæ... "Æмæ нæ цымæХуыцау аххосджын кæны нæ рæдыдтыты тыххæй? Царды мидæг цы хъауджыдзинад исрæдыдæй тæригъæдæй! Æвиуыцы иухуызон стыГ Адæмæй чысыл нæй, тæригъæдджын æндæр искæйы чи хо- ны, йæхи та æрмæст рæдийаг. Ома, уыйас диссаг нæу æнæрхъуы- дыйæ фæрæдийын. Æмæ Хуыцауæй хатыр куы фæкуры йæ рæдыды тыххæй, уæд ын ныббары йæ рæдыд, тæригъæд та баз- зайы йе ’ккойы. Тæригъæд рæдыдыл нымад никуы уыд, рæдыд та - тæригъæдыл. Зæгъæм, Кирил Демьяны фырты æз Кирил Иваны фырт куы схонин, уæд уый рæдыд у. Фæлæ уынджы куы фæцæйцæуон æмæ Кирил Демьяны фыртыл куы амбæлон æмæ йын салам куынæ радтон, уæд уый рæдыд нæу, фæлæ у аххос, тæригъæд. Хуыцау та тæригьæд хатыр кæны, æрмæст ыл фæсмон чи фæкæна, уымæн. ÆМТЪЕРЫ ХЪУЫДЫТÆ „...Дæ хорзæхæй, бамбарын ма мын кæн Маркы фыст 13-æм сæргонды 32-æм стихы Чырыстийы ныхæстæ: „Уыцы бон, кæнæ уыцы сахат ничи зоны, нæдæр уæларвон зæдтæ, нæдæр Фырт, зо- ны йæ æрмæст Фыд". Уый афтæ æмбарæн ис, цымæ Чырысти нæ зоны фæстæмæ зæхмæ Йе ’рцыды бон, кæнæ йæ сахат? Ныхæстæ „нæдæр бон, нæдæр сахат" нæ амонынц нæдæр рæстæг, нæдæр дуг. Йе ’рцыды рæстæг Йесо æнæмæнг зыдта æмæ зоны. Кæцы сахат æрцæудзæн, кæцы цъусдуг æрхиздзæн, уый та Фыды хъуыддаг у, Фыды фæнд. Рохгæнинаг нæу уый дæр ма, æмæ уыцы ныхæстæ Чырысти загъта, ам зæххыл куы уыди, уæд. Йæ хъару æмæ Йæ фадæттыл 107
бынтон Йæхи бар æххæстæй куынæ цыд, уæд. Уый тыххæй бæлвырд фыст бакæс Филиппæгтæм фыстæджы 2:5-9, стæй Иоанны фыстæджы дæр 17:5. Дæ писмойы мæм цы ныхæстæ æрбарвыстай, Йесойы ны- хæстæ, уыдойæй та нæ Ирвæзынгæнæг уый зæгъынмæ хъавыд, æмæ Йе ’рцыд уыдзæн æваст, æнæнхъæлæджы. ПИСМО ЛÆГÆТÆЙ „...Цæвиттон райстон дыууæ писмойы фæйнæ горæтæй, сæ мидис, сæ хъуыды иухуызон. Æнæмæнг æрцæуинаг хъаймæтæй тасдзинады хабар адæм кæрæдзимæ писмоты фыссынц зæххы къо~ рийыл алы ран дæр. Мæ хъуыдытæ зæгъын мæ бон дæр нæу, фæлæ нæ зонын, цы дзу- апп радтон, ахæм хабæрттыл чи æууæнды, уыдонæн. Курын дæ, газеты сын ды дзуапп радт. Мæнæ дын бæлвырд къопи, кæрæдзимæ цы писмотæ фыссынц, уыдонæй: „Сауджын Антоний, курæм дæ, бакув мах амонды тыххæй. Бахъахъхъæ нын нæ мæгуыр сабиты цард, ракур Хуыцауæй æмæ нын раарфæ кæна нæ бинонтæн сеп- пæтæн, нæхæстæг, не ’ввахсæн". Ацы писмо ссардæуыд лæгæты, æрвыст та æрцыд Хуссар Аме- рикæй, йæ ныффыссæг у уырнæг. Писмо хъуамæ рафысса, чи йæрай- са, уый æмæ йæ арвита æндæр адæймагмæ. Уый дæр та йæ рафыссæд цалдæр хатты æмæ йæ арвитæд йæ зонгæтæм, йæ хæстæджытæм. Афтæмæй хъуамæ æрзила æнæхъæн дунейыл. Æмæ дзы алкæмæн дæр зæрдæ æвæрынц, писмо дæхи рады куы арвитай иу цалдæр ранмæ, уæд дыл 13 боны фæстæ сæмбæлдзæн стыр цин, стыр амонд. Курын, алы бон дæр иу писмо арвит, хорз- дзинад дæ кæмæн фæнды, уыдонæй алкæмæ дæр. Иу полякаг, Аргентинæйы цæрæг аскъуыдта ахæм писмо æмæ уый фæстæ 13-æм бон баныгæдта йæ фырты. Æндæр чидæр дзу- аппæн иу писмо дæр никæдæм арвыста æмæ фæмард, машинæтæ кæрæдзи кæм скъуырдтой, уыцы фыдбылызы. Чидæр нæ фæзивæг кодта йæ писмойы къопи æндæр рæттæм арвитын æмæлæтæрейæ рамбылдта ЗООмины. 108
Алырдæм æрвит ахæм писмотæ, дæхи адрис дзы ницæмæн хъæуы. Нæ дзуары лæг Антоний дæ истæмæй уæддæр æрæ- мысдзæн". Раст ахæм писмотæ цыди мæнмæ дæр. Суанг ма дзы хæсты размæ дæр райстон. Цæуыл дзурæг сты уыдон? Зын равзарæн не сты, чи сыл æууæнды, уыдонæн æмæ лæг йæ зæрдæ дары, цæмæ бæллы, уыдæттæ йæ къухы бафтдзысты удæгас Хуыцауы æмæ нæ Ирвæзынгæнæг Йесо Чырыстийы руаджы, зæгъгæ. Зæрдæ уын æвæрынц, 13-æм бон уыл цыдæр æхсызгон хабар сæмбæлдзæн, зæгъгæ. Æмæ уæд 12-æм бон цæуылнæ, Чы- рыстийæн уал ахуыргæнинаджы кæй уыд, уый нысанæн. Науæд 7-æм бон цæуылнæ, Хуыцауы æххæст къуырийы нысанæн? Фæлæ цæмæндæр 13-æм бон!.. Тынг диссаг куыннæ у, чидæр арвыста ахæм писмо æмæ 300 мин сомы рамбылдта лæтæрейæ. Лæтæрей та йæхæдæг æппæт иннæ хъæзтыты хуызæн хæйрæджы хъæстæ у, цы дзы рахаудзæн, уый ничи зоны. Цæуыл ма дзырдæуа? Ахæм писмотæ чи ’рвиты, уыдон хъавынц иувæрсты азилынмæ Хуыцауы амынд иунæг раст фæндагæй - сабырдзинадмæ, уарзондзинадмæ, зæр- дæрухсдзинадмæ арæзт фæндагæй. Мах уыцы ирвæзынгæнæг фæндаг хонæм амонд. Адæм та бадынц æмæ мысынц цирчы æбуалгъ трюкты хуызæн фыдыздыхт фæндæгтæ, цæмæй фæип- пæрд уой Хуыцауы фæдзæхстæй: „ÆРФÆСМОН КÆНУТ ÆМÆ БАУУÆНДУТ ЕВАНГЕЛИЙЫЛ". (Марк. 1:15). Евангели у Хуыцауы æцæг писмо, алы æууæндæг адæймагæн дæр ирвæзыны хос чи хæссы, уый. Ацы æнахуыр писмойы та иунæг ныхас дæр нæй Евангелийæ. Мæгуыртæг! Адæмы сеппæты дæр бæргæ хъæуы Чырысти, - алы æнæхъола хъуыддæгтæй ирвæзыны мадзал чи амоны, адæй- магæн æцæг амонд чи хæссы, уый. Чырыстийы хъæбул уæвын, - уый æцæг амонд у. 109
АДАМЫ ФÆРСК „...Ацы фарста æз бакастæн журнал „Наукæ æмæ дины". Мыхуыргонд цæуы Мæскуыйы. Мæ ныхасы рахæцæн уый у: кæд æмæ Хуыцау Адамæн йæ фæрск систа æмæ Евæйы уымæй скодта, уæд хъуамæ ныры нæлгоймæгтæ уой иу фæрск хъуаг, сылгоймæг- тимæ абаргæйæ. Уыйуæдæ Библийы ныхмæ нæ цæуы?" ÆППЫНДÆР НÆ. Адамы дард байзæттагæн уыди, йæ рафæлдисыны рæстæг Адамæн цал фæрсчы уыд, уал (Быт. 2:21), фæлæ дзы Адамæй цы фæрск фæхъуыд, уыцы сахъатдзинад æрдзæй нæ рахæццæ кæстæр фæлтæртæм, зæгъæм, мæнæ цæстхъуаг, къаххъуаг, къуххъуаг фæвæййы, исты фыдбылызæй, уыцы сахъатдзинад æрдзæй куыд нæ ахизы дарддæры фæл- тæртæм, афтæ. Æрдзы ахæм закъон куы уаид, уæд æнæхъæн дунейы ныггæнæнтæ дæр нал уаид сахъат адæмæй, куырмæй, къуырмайæ, гобийæ... кæуылты уаид сæ нымæц! Табу Хуыцауæн, æгайтма Йæ закъонтæ афтæ тынг дæсны арæзт сты, къух бакæнæн кæдæм нæй! АХЪАЗЗАДЖЫ РÆДЫД „...Иу æрыгон адæймаг, пахуымпары хæстæ æххæстгæнæг уæвгæйæ, йæхиуыл арт бандзæрста Пентагоны цур. Уый фæдыл та ноджыдæр ма ахæм фыдызнаджы куыст йæхицæн бакодта æндæр æрыгон адæймæг Иугонд Нациты Организацийы хæдзары дуармæ. Сæ дыууæ дæр сæ удтæ ауæлдай кодтой иннæ адæмы тыххæй, Вьетнамы хæсты ныхмæ нысанæн. Сæ иуæн дзы сидзæ- рæй баззадысты йæ дыууæ сабийы æмæ йæ ус. Нæ зæрдæ нын тынг фæриссын кодтой дыууæтæ дæр. Æмæ нæм нæхи æхсæн ахæм быцæу æрцыд уыдоны фæдыл. Иутæ загътой, уый æдылы хъуыддаг у, кады охыл, дæ ном айхъуысыны тыххæй хи амарын. Иннæтæ та ныллæуыдысты, уый Чырыстийы нывонды æнгæсу, Йæхи мæлæт- мæ кæй радта адæмы сæраппонд, уымæ гæсгæ. Куыд æмбарыс ды тауыцы хъуыддаг? Цавæр аргъ ын кæныс?" 110
Сæрмагондæй иу адæймаджы хъуыды ахæм хабарæн аргъ скæнын мæнмæ гæсгæ æгъгъæд нæу. Хуыцауы Фыстæг хынц- гæйæ, фыддзинады тохы хи амарын Чырыстийы фæдзæхст æххæст кæныны нысан нæу, ома „Бауарз дæхи хуызæн иннæты дæр..." Уæлдайдæр та хи басудзын - уый хи сайæн ми у. Сывæллæттæ баззадысты сидзæрæй, ус - идæдзæй. Уый уæдæ дæхимæ хæстæг адæймаджы уарзыны нысан у? Йæ сывæллæт- тæй æмæ ма йæм йæ усæй хæстæгдæр та чи уыд? Хи марын канд æдылы ми нæу, фæлæ йæм цыфæнды хуызы куы ’ркæсай, уæддæр у фыддзинад, Хуыцауы фæдзæхст халæн ми. Фыддзинад та фыддзинадæй нæ фесафдзынæ. Хи марджыты кæд сæ хъæбатырдзинад равдисын фæндыд, сæ уарзондзинад адæймагмæ, уæд уый саразæн уыд хæсты быды- ры, тохы цæхæры, цæфты ирвæзынгæнгæйæ, амондхъуæгтæн æххуыс кæнгæйæ. Кæд сæхи амарынæй æхсæнады цæстæнгас фыддзинадмæ раздахынвæнд кодтой, хæст цы фыдбылызтæ хæссы, уыдонмæ, уæд уыцы хабар дæр дзыллæтæн рагæй зынд- гонд у. Ахæм æвирхъау тыхст уавæрæй фервæзынæн та ис æрмæстдæр иу мадзал: кæмдæриддæр адæмæн æмбарын кæнын хъæуы Йесо Чырыстийы Евангели. Æрмæст дæр уый бон у адæймагæн йæ тæригъæддаг æрдз аивын. Æнæ уыцы мадзалæй моралон фæрæзтæ парахат кæнын у айдагъ дзæнгæда, æрмæст- дæр æнæпайда дзæгъæлдзырд. Дунейыл цыдæриддæр æвирхъау фыдбылызæй нæ цæст ахсы, уыдон иууылдæр цæуынц адæймагæн йæ тæригъæдджын æрдзæй. Формалон æгьдауæй цы дин кусы, уымæн ницы йæ бон у уыцы æрдзæн, фендæрхуызон æй кæнынæн. Уый у æрмæстдæр Чырыс- тийы бон. Хъыгаг, фæлæ аргъуантæн сæ фылдæр иуварс æрæ- вæрдтой Чырыстийы, Йæ бынат та Йын бацахстой аргъуаны æгъ- дæуттæ, æппындæр чи ницы пайда у, уыцы аргъуыды мадзæлттæ. Хи амарын дæр у искæйы амарыны хуызæн тæригъæддаг хъуыддаг. Никæйы бон у Хуыцауæй фæстæмæ адæймаджы цард- мæ бар дарын, йæхи бæрны йæ бакæнын. Чи йæ радта, хицау дæр ын уый у. Махæй ничи у йæ уды цардæн хицау. Уæдæ бамбарын афон нæу, чырыстæттæ удæй, буарæй Хуы- цауы бæрны кæй сты, уый? 111
Раст зæгъын хъæуы, хи басудзыны хъуыддаджы ис хи нывон- дæн æрхæссыны хъуыды. Дæлимон сыл фæуæлахиз, афæлывта сæ æмæ ацыдысты сæфты фæндагыл. Йæхиуыл арт чи æфтауы, уый афтæ æнхъæл вæййы, Хуыцауы зæрдæ æлхæны бирæты сæраппонд йæхи мæлæтмæ дæттынæй. Æцæгдзинадæй та йæ асайдта дæлимон, бахаудта уый ахасты æмæ йæ аласта зын- дзинады фæндагыл. Уæвгæ та уый зæгъынмæ хъавын, ахæм æдылы фæнд буддистмæ куы ’рцæуа, уæд диссаг нæу, уымæн æмæ уыдонæн нæй удæгас Хуыцау. Фæлæ чырыстоны къух йæхи удмæ куы батаса, уæд зæгъын хъæуы, уыцы адæймаг йæ цæргæйæ нæ уыд зæрдæйæ æцæг чырыстон. ЧИ У РАСТ? „...Бирæ азты мæ сагъæсы æфтауы уыцы фарста. Аргъуантæ нын амонынц, арв æмæ зæхх иунæг Кадджын Хуыцау куы рафæлды- ста, ууыл цæуы 6 мин азы бæрц. Наукæ та раиртæста бæлвырд бæрæг рæстæджытæ, нæ зæххыл цæуы милуан азтæ, зæгъгæ. Чи у уæдæ дыууæтæй растдæр?.." Библи никæцы ран амоны, арв æмæ зæхх Хуыцау рафæлды- ста 6 мин азы размæ, зæгъгæ. Библийæн йæ фыццаг сæргонды фыццаг стихы кæсæм ахæм фыстытæ: „Райдианы Хуыцау рафæлдыста арв æмæ зæхх". Уæдæ уæд Хуыцау нал схъæр кодта, „райдиан" цы амоны, уый. Арвы æмæ зæххы равзæрдыл 6 мин азы цæуы, зæгъгæ, уыцы хабар абоны онг рахæццæ астæуккаг æнустæй, адæм Библийæн æрмæст йæ кадавартæ йедтæмæ куы ницыма æмбæрстой, уæды заманæй. Зонгæ та кодтой, æрмæст сын аргъуанты кусджытæ цы дзырдтой, уыдон, æндæр ницы. Уыцы кусджытæ та сæхæдæг уæд нæ, фæлæ ма дзы абон дæр бирæтæ нæ зонынц, Библи цы амоны, цæуыл ахуыр кæны адæмы, уый. Уæды заман сæ ахуыр кодтой катехизистæм гæсгæ, Библи нæ, фæлæ. Библи махæн нæ дзуры, арв æмæ зæххы рафæлдыстæй адæймаджы рафæлдысты онг цас рæстæг рацыд, уый. Махæн 112
зындгонд у æрмæстдæр иу хабар: дуне æнæхъæнæй дæр йæ бына- ты сбадти, Хуыцау адæймаг рафæлдисынмæ куы бавнæлдта, уæдмæ. Библийы нымадмæ гæсгæ Хуыцау адæймаджы рафæл- дисыныл архайын куы байдыдта, уæдæй фæстæмæ рацыд æппын- къаддæр 6 мин азы. Адæймаг рафæлдисыны агъоммæ „Зæхх уыд æнæзынгæ æмæ афтид, æнæбын зæххы сæрмæ млазон талынг; æмæ доны сæрмæ сыффытт кодта Сыгъдæг Уд" (Быт. 1:12). Раст афтæ дзуры пахуымпар Исаия дæр: „Уый - Хуыцау рафæлдыста æмæ æрны- выл кодта нæ зæхх: Уый йæ сарæзта цæрынæн" (45:18). Цасдæр заманты кæддæр-никæддæр нæ зæхх уыд æмтъеры æмæ уыцы æнæбæрæг æмтъеры уавæр куыддæрмæрддæгтæй баст баййæфта хæйрæджы историимæ. Уыцы хъуыддаджы Библи наукæйы ныхмæ никæцыран цæуы. Стæй рохгæнинаг нæу уый дæр, æмæ Библи астрономийы, геологийы, кæнæ æппæтдунеон истори ахуыргæнæн чиныг нæу. Фыццаджы фыццагдæр Библи у зондæн нæ, фæлæ удæн ахъаз- гæнæг, кæд дзы тынг ахсджиаг зонды ныхæстæ ис, уæддæр. КÆМ ФЫСТ У? „...Ахæм хабар фехъуыстон, цыма тамакодымджыты аргъуаны уæнгтæм нæ исынц. Уый æцæгу?Кæм исфыст, дымын тæригъæду, уый? Мæнмæ гæсгæ Библи ницы зæгъы дымыны ныхмæ". Æцæгдзинадæй Библи комкоммæ ницы зæгъы дымыны ныхмæ. Уый, æвæццæгæн, уымæн æмæ Библи фыссыны дуджы тамако нæма уыд, адæм нæма бахаудысты уыцы æнæхайыр хол- ладжы ахæсты. Æнæ Библийæ дæр æнæгæды дохтыр чи у, уый фидарæй зæгъдзæн, тамако адæймаджы æнæниздзинад кæй халы, уый. Ныр америкаг сигаретты алы къоппыл дæр фыссынц: „Тамако ахъаз у адæймагыл рак-низ бафтауынæн. Уæдæ йæ уæд куыннæ банымадæуа буарæн тæригъæдыл, кæд æмæ уырнæг адæймаджы буар Сыгъдæг Уды аргъуан у (Кор. 113
6:19). Тамакойы тыххæй бæлвырддæр хабæрттæ бакæсæн ис. „Ахæм дзуапп дæтты Библи", зæгъгæ, уыцы чиныджы. Тамако дымын буар йæхæдæг, миййаг, нæ агуры, æмæ ар- гъуан дæр уымæн зæгъы, фæсмонгæнæг алы тæригъæдджын дæр йе ’ппæт иннæ тæригъæдтимæ хъуамæ фæфæсмон кæна тамако дымыныл дæр. Иу ахæм хабар уын ракæнон. Зонут, маймули алцæмæй дæр фæзмаг у адæймаджы. Фæлæ йæм судзгæ тамако куы бадардтой, фæздæг калгæ, уæд марадз зæгъай, йæ дзыхмæ райсын æй бако- ма! Тыххæй йын æй уæддæр бакодтой йæ дзыхы æмæ йæ тутæ гæнгæ раппæрста, тамакойы хицаумæ йæ цæстытæ сдзагъултæ кодта, афтæмæй. Уæд цы загъдæуа! Адæймаг маймулийæ æдылы дæр у, æви йæхи бауыромынмæ лæмæгъдæр? Дарддæр æй уæхæдæг бамбарут, цы зæгъынмæ хъавын, уый... ÆЦÆГДЗИНАДÆН ФЕНДÆРХУЫЗОН УÆВÆН НÆЙ „...Кæддæр ды ныфсджынæй фыстай къайады фарстаты тых- хæй. Ныр æрыхъуыстон, цыма дæм уыцы хъуыддаджы æндæрхуы- зон хъуыды æрæфтыд, ома, дам, йæ бинонтæ чи ныууагъта, йæ сывæллæттæй, йæ къайæ чи ахицæн йæ райгуырæн бæстæйы, уыдон фæсарæнты æвæлмонæй ног бинонтæ скæндзысты æмæ баззайдзысты Чырыстийы аргъуаны уæнгтæй. Цæмæн фæтарстæ æцæгдзинад зæгъынæй? Афтæ дын нæ ра- уад: Хуыцауы закъон аив, кæцырдæм дæ фæнды, уыцы ’рдæмГ ÆППЫНДÆР НÆ. Æз нæ тæрсын Хуыцауæй лæвæрд Рæст- дзинад дзурынæй. Стæй къайады хъуыддаджы та æппындæр нæ. 1950-æм аз Æцæгдзинад цы уыди, уый баззади æцæгдзинадæй абон дæр. Уымæн æмæ Æцæгдзинадæн фендæрхуызон гæнæн нæй æмæ, табу Хуыцауæн, Мæ хъуыды уыцы хъуыддаджы нæ аивтон. Къайады фарстайы та Æцæгдзинад æппæтæй хуыздæр загъта Йесо Чырысти. Бафтауинаг дæр æм нæй, раппаринаг дæр дзы ницы ис, стæй йæ фендæрхуызон кæныны бар дæр никæмæн ис. Уæвгæ та мæнæ ахæм у Чырыстийы хатдзæг: 114
„ЙÆ УСИМÆ ЧИ АХИЦÆН УА, ХÆТЫНЫ АХХОСÆЙ ФÆСТÆМÆ ÆМÆ ДЫККАГ ЧИ РАКУРА, УЫЙ ХÆТГÆ КÆНЫ; ÆМÆ УАГЪД УСИМÆ ЧИ БАЦÆРА, УЫЙ ДÆР ХÆТГÆ КÆНЫ" (Мф. 19:1-9). Цы дзы нæй бамбарæн ам? Ацы дунейы закъонтæ та, раст зæгъыс, чердæм дæ фæнды, уыцырдæм сæ фездах, мæнæ уырыссаг æмбисондау: „как дышло, куда повернул, - туда и вышло". Фæлæ Хуыцауы закъон, Чырыстийы фæдзæхст кæцырдæмфæнды куы здахай, уæддæр баззайдзæн куыд у, афтæмæй, чи йæ фехалы, уыдон та фæип- пæрд вæййынц Хуыцауæй. Дæ фыццаг ус удæгас уæвгæйæ, дык- каг ракурын тæригъæд у. Чырысти ахæм хъуыддагæн бар дæтты æрмæстдæр иунæг ран: Лæг уа, ус уа, искæцы дзы хæтгæ куы кæна, æндæры куы бауарза, уæд ын бар ис йемæ нæ цæрын. Афтæмæй тæригъæд баззайдзæн аххосджыны æккойы. Ахæм тæригъæдджынты йæ уæнгтæм цы Аргъуан исы, уый кæны æбуалгъ фыддзинад. Иуæй-иутæ ахæм хъуыддаджы сты аргъуаны фарс, ома, дам, аргъуанмæ ис стыр бартæ „баиу кæныны" æмæ „рахицæн кæны- ны" тыххæй. Фæлæ чырыстæттæ зонынц, аргъуаны бартæ Чы- рыстийы бартæй бæрзонддæр не сты. Чырыстийы фæдзæхст къайадыл æмæ хицæн кæныныл - у æнæаивгæ, Чырысти адæ- мæн кæй ныууагъта, ахæм. Стæй Чырысти Йæхæдæг Йæхи ныхмæ никуы сыстад. Бæгуыдæр, аргъуанæн йæ бон у ахæм тæригъæдджынæн ха- тыр кæнын, Хуыцауы Æцæгдзинад нæ зонгæйæ. Æмæ уый тыххæй уайдзæф гæнæн нæй. Ахæм пахуымпартæ æмæ сауджынтæ абон мах рæстæджы Хуыцауæй нал тæрсынц æмæ сæхи пайдайæн фылдæр уæнгтæ рамбырд кæныны сæраппонд къайады хъуыддаг лыг кæнынц Мойсейы закъонмæ гæсгæ. Фæлæ Хуыцауы æфхæрдæй уæддæр нæ аирвæздзысты. 115
РАСТУУЫЙ? „..Мæ зæрдыл ма лæууы, Хуыцауы закъонтæ ахуыргæнæн урок- ты махæн амыдтой афтæ: адæймаг хæсты куы фæмардуа, уæд йæ уд æвæстиатæй бахауы дзæнæтмæ. Растууый?" Уыцы ахуырад æппындæр ницы бар дары Хуыцауы Фыс- тæгмæ. Уæдæ йыл уæд бынтон æууæндæн нæй. Хуыцау зæгъы: „МАРГÆ МА КÆН". (Исх. 20). Чырысти дзæгъæл хуымæтæджы нæ загъта: „Фæринк кард йæ къухмæ чи райса, уый йæхи мæлæт ссардзæн уыцы кардæй". Уыцы фæдзæхст хауы сабыр дугмæ дæр æмæ хæстон рæстæгмæ дæр. Фыстæг амоны: „Закъон кæрæй- кæронмæ чи æххæст кæны, фæлæ йæ иу кæцырандæр чи фехалы, уый фæаххосджын вæййы æппæт хъуыддæгты дæр. Æмæ къайа- ды тыххæй Чырысти афтæ кæм загъта: „хæтгæ ма кæн", зæгъгæ, уым: „Маргæ ма кæн" дæр загъта. Уымæ гæсгæ диссаг нæу, йæ зæрдæ йæ уарзон бинойнагыл чи аивы, уый маргæ дæр акæндзæн æмæ æнæмæнг нымад æрцæудзæн закъон халæгыл, фыдгæнæ- гыл(Иак. 2:10). Уый тыххæй та райс Чырыстийы фарн æмæ уымæ гæсгæ араз дæ цард, цæмæй Йæ фæдзæхсты сæрты ма ахизай. Кæй зæгъын æй хъæуы, Евангели æнæмæнг бирæ ахсджиагдæр у катехи- зисæй. СПИРИТТЫ ТЫХХÆЙ „...Бирæ хатт фехъуыстон уыдоны кой, мæрдтæй дæхинымæр искæмæ басид æмæ ныхас кæн йемæ. Нæ мæ уырныдта уыцы хабар. Фæлæ дын мæнæ иу газеты куы бакæсин, коммунистон партийы 22-æм съезды Мæскуыйы иу зæронд сылгоймаг, коммунисткæ цы радзырдта, уый. Сылгоймаг загъта: æз баст дæн Ленины удимæ, мæ хъустæй хъусын йæ ныхас æмæ мын афтæ загъта, тынг хъыг ын у, мавзолейы йæ фарсмæ Сталин ныгæд кæй у, уый. Айсут æй уырдыгæй. Æмæ æцæгдæр Сталины айстой уырдыгæй... Ахæм хабарыл æууæндыс ды?" 116
Мавзолейæ Сталины уый тыххæй нæ айстой. Чидæриддæр зоны, коммунисттæ дины мидæг ницæуыл æууæндынц, удтæ та ис, æнæзынгæйæ адæмимæ чи ныхас кæны, ахæмтæ. Уыдон дæлимонты бæрны архайынц. Æмæ Хуыцау дзæгъæл хуымæтæ- джы нæ фæдзæхста: „Ма сидут мæрдты удтæм, ма цæут алы фæлитой дæснытæ æмæ фæрсджытæм æмæ уыл сæ сæт ма калой. Æз Дæн уæ Хуыцау". Чырыстон лæг нæу мард удгоймæгты уынаффæхъуаг. Нæ уынаффæгæнæг - Йесо Чырысти. Афтæ фыст ис Исаияйы чины- джы 9:6. IV ИРВÆЗЫНЫ ТЫХХÆЙ ХУЫЦАУЫ ФЫСТÆГЫЛ НЕ ’УУÆНДЫН ТÆРИГЪÆД У „... Чырыстон дины æппæты кадджындæр хъуыддаг у уæздан- дзинад. Æмæ Чырыстийы ахуыргæнинаг Павел йæ царды фæстаг азты уымæн загъта: Мæхи хъарын Чырыстийы райгасы тых бамбарыныл. Æрмæст уыцы ныхас дæр басаста иуæй-иу уырнджы- ты схъиуд дзуаппытæ: „мах ирвæзт стæм. Уый зындгонду æрмæст Хуыцауæн..." Уыцы ахуыргæнинаг, йæ ном Павел, уырнæг адæммæ Риммæ афтæ фыста: „МАХ СТÆМ ИРВÆЗТ НÆ НЫФСÆЙ" (Рим. 8:24). Уырнæг адæймаг Хуыцауыл æууæндæг цæуылнæ хъуамæ дара йæ зæрдæ, æнусмæ ирвæзт у Йесо Чырыстийы фæрцы, ууыл? Хуы- цау уырнæг адæмæн, ома ЙÆ НЫХАСЫЛ чи æууæнды, уыдонæн бавæрдта ныфс. Уæдæ Чырысти уый тыххæй нæ радта Йæхи бай- тындзынмæ, уырнæг адæмы ирвæзыны сæраппонд? Уый тыххæй нæ дзуры Чырыстийы ахуыргæнинаг Иоанн дæр (3:16)? Уæздандзинад æцæгдæр у стыр æмæ кадджын хъуыддаг чырыстон адæммæ. Фæлæ Хуыцауы фыстæгыл не ’ууæндын уæз- дандзинад нæ, фæлæ у тæригъæд. Хуыцау нæ бахизæд уыцы 117
тæригъæдæй. „Фарн уæ ирвæзын кæны æмæ уын уый у „Хуы- цауы лæвар", - фыссы Иоанн. Павел кæй кой кæны, Чырыстийы райгасы хъару базоныныл йæхи хъары, зæгъгæ (Филип. 3:10), уый та ууыл дзурæг у, æмæ хъуамæ йæхи афтæ хъара алы уырнæг дæр, алы кувæг дæр. Чырысти бирæ диссæгтæ æвдыста. Йæ ныхасмæ хъуыста тыхджын тымыгъ æмæ-иу банцад, сæ низтæ сырдта цæрæнбон- ты сæйгæ рынчынтæн, мæлæтæй здæхта мæрдты. Уыцы диссæг- тæн се ’ппæтæн æмбæрзæн у хатырдзинад. „Нæ Фыды хай, ныб- бар сын, уымæн æмæ, цы архайынц, уый нæ зонынц". Фæлæ æппæт царциатæй диссагдæр куыннæ у мæрдтæй райгас уæвын. Уый æппындæр ууыл дзурæг нæу, Чырыстийы ахуыргæнинаг Павел дызæрдыг кодта йæ ирвæзтыл. УÆЛАРВОН КАРТОТЕКÆ „...Зынаргъ æмбал! Ды фыссыс, тæригъæдджыны уæлæрвтæм нæ бауадздзысты йæ тæригъæдтæ, зæгъгæ. Мæн уый нæ уырны, уымæн æмæ Хуыцау иунæг у, чи мæлы, уыдон та сты милуан- гæйттæ, суанг æнæнымæц миллиардтæ дæр. Уый куыд? Хуыцаумæ алы адæймагæн дæр картотекæ ис, миййаг?" Дæ фарст мæнмæ гæсгæ „сывæллоны" фарст у. Библи зæгъы, алы адæймагæн дæр уæлæрвты ис йæхи чиныг, йæ зæххон цард ын чи фыссы, ахæм (Откр. 20:12). Фæлæ царды уый цы амоны, уымæн ницы зонын. Мæ бон радзурын у æрмæст иу ахæм æцæг хабар. Хæсты рæстæджы кæцыдæр немыцаг заводы куыстой уырыссаг уацайрæгтæ æмæ дзы арæх сæфын байдыдтой алыхуы- зон кусæнгæрзтæ. Чидæр сæ йæ дарæсы мидæг æмбæхстæй æдтæмæ хаста. Æмæ цæмæй давæджы ссарой, уый тыххæй иукæддæр æппæт кусджыты дæр æдтæмæ уынгмæ рауагътой, магнитджын фæрæз æвæрд кæм уыд, уыцы кулдуарыл. Æмæ дын дзы иунæг дæр куынæ рацæуид давд кусæнгæрзтимæ. Тæригъæдтæ нæ бауадздзысты уæлæрвтæм тæригъæдджыны. Уый раст у. Иунæг тæригъæдджын дæр нæ бахаудзæн Уæларвон 118
Паддзахадмæ, йæ тæригъæдтыл куынæ æрфæсмон кæна, Йесо йын куынæ ныххатыр кæна æмæ йæ йæ тæригъæдтæй куынæ асыгъдæг кæна, уæд. Афтæ амоны Библи. Табу Йæхицæн, Хуы- цауы слестгæнджытæ нæ хъæуы. Нæ Йæ хъæуы картотекæ дæр. Къæнцылар æм нæй. Армы тъæпæныл уынæгау, мæ уд дæр æмæ дæ уд дæр æргом æвдыст сты Йæ размæ. Чырыстийы тугæй чи не ссыгъдæг, уыцы уды сау хъулæттæ зынынц Йæ тыхджын рухсмæ. Æмæ сæ адæймаг йæхæдæг фендзæн йæхи цæстæй, уыдонæй фервæзын æй куынæ бафæнда, зæххыл цæргæйæ, уæд. Рох дæ ма уæд, адæймаджы æфсарм нæ мæлы! ЧИ УЫДЗÆН ИРВÆЗТ? уу/Ез Хуыцауыл æууæндын байдыдтон 1927 азæй фæстæмæ. Дæ беседæтæ дын газетты кæсын æдзухдæр. Ис дзы зонды ныхæстæ дæр æмæ рæдыдтытæ дæр. Фæлæ ма æргом ныффысс, дæ хорзæ- хæй, кæй ирвæзын кæны ЧырыстиГ МÆ ЗЫНАРГЪ хæлар! Цыдæриддæр фыссын, уыдон иууыл- дæр фыссын æргом зæрдæйæ, æнæгæдыйæ. Стæй фыссын, мæ- хæдæг цæуыл æууæндын, цы мæ уырны, уый тыххæй. Ирвæзыны тыххæй æз, кæнæ æндæр исчи цы хъуыды кæны, уый зонын дæуæн ницы пайда у. Сæйрагдæр у, уыцы стыр хъуыддаджы тыххæй Чырысти цы хъуыды кæны, уый. Йæ хъуыдытæ та, ома, растдæр зæгъгæйæ, йæ нысантæ Уый æргом равдыста Библийы Фыстæджы: „Чи Мыл æууæнда æмæ Мæм чи кува, - уыдзæн ирвæзт, чи не ’ууæнда, уый уыдзæн тæрхонгонд" (Мк. 16:16). Фæлæ дзырд „æууæнда" парахат хъуыды кæй у, уымæ гæсгæ Чырыстийы ахуыргæнинаг Иаков уыцы ныхасмæ бафтыдта афтæ: „Æууæндын, хъуыддагæй йæ не ’вдисгæйæ, мæрдфынæйæ уæлдай нæу", ома, „æууæндын", зæгъгæ, айдагъ дзыхы ныхæс- тæй ирвæзт нæ уыдзынæ. Зæрдæйæ æцæгдæр куы æууæндай, дзыхæй та Йесо-Хуыцаумæ куы кувай, - æнæмæнг фервæздзы- нæ. (Бакæс римæгтæм писмо 10:9). „Донæй æмæ Удæй чи нæ рай- гуыра, уый Хуыцауы Паддзахадмæ нæ бацæудзæн" (Иоан 3:5). 119
ФÆДЫЗÆРДЫГ ДÆН ,/Ерæджы кастæн дæ чиныг „Сæфти æмæ разынди". Мæ зæрдæмæ фæцыд. Фæлæ дзы ранæй-рæтты тынг æппæлыс, æвди- сыс дзы цавæрдæр æхсызгондзинад, циндзинад сектантты уагыл, ирвæзыны циндзинад нæ, фæлæ. Ирвæзыны цин мах бамбарæм зæххыл нæ, фæлæ Хуыцауы фæндæй уæлæрвтæм кæд бахауæм, уæд уым. Фæдызæрдыг дæн дæ хъуыдытыл ранæй-рæтты". Уæлæрвтæм, æвæдза, НИЧИ бахаудзæн, уæларвон ад зæххыл куы нæ бавзара, уæд. „Бамбар ма, куыд æхсызгон, куыд адджын у Хуыцау!" - сиды псалмфыссæг. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый уæларвы кой нæ кæны, фæлæ зæххы кой. Хуымæтæджы ныхæстæй дын уый зæгъынмæ хъавын. Цæвиттон, тæбæгъты дын бахастой исты хæрзад, хæрздæф минас, дæ комыдæттæ кæмæ рауадысты, ахæм хæринæгтæ. Дæ бон дзы никæйы тыххæй ницы зæгъын у, цалынмæ дзы ацаходай, уæдмæ. Раст нæ зæгъын? Æз фыстон, мæхæдæг цы бавзæрстон мæхи удыл, уыдон, æрыхъусæггаг ныхæстæ нæ, фæлæ. Бæгуыдæр дын ис фæдызæрдыг уæвыны бар, уый дæхи хъуыддаг у. Мæнæн та мæ бар цæуы, цы федтон, цы бавзæрстон мæхиуыл, уыдæттæ ныф- фыссыныл. Уæларвон Паддзахадмæ та бахиздзæн уый, уыцы дуне йæ зæрдæйы кæмæн бады. Æндæр ничи. „МÆ ФÆДЫЛ ЦУ" „... Чырысти иу хъæздыг æрыгон лæппуйæн ахæмуынаффæ бако- дта: дæ бирæ бынтæ ныууæй кæ, æмæ сæ байуар мæгуыртæн, стæй уæдрацу Мæ фæдыл. Уыцы мадзал цымæ æппæтмæ дæр хауы?" Уыцы æнахуыр цау Евангелийы ныффыста Матфей (19:16-24), фæлæ Чырыстийы фæдыл цæуыны мадзал æппæт адæмæн дæр у иухуызон: мæгуырæй, хъæздыгæй. Йæ хъæздыгдзинад йæ Хуыцау кæмæн у, уый йæ хъуамæ аппара йæ фæндагæй æмæ афтæмæй ацæуа Чырыстийы фæдыл. Чырыстийы фæдыл цæуын 120
кæй фæнды, уыдонæй алчи дæр хъуамæ ссæрибар кæна йæхи, йæ развæндагыл цы цæлхдуртæ лæууы, уыдонæй, стæй уæд, табуаф- си, лæгъз у дæ фæндаг Хуыцауы фæдыл цæуынмæ. Цæлхдуртæ канд исбон нæ амонынц, фæлæ царды мидæг дæ кад, дæ цыт, дæ бæрзонд бынат æмæ æндæр ахæмтæ. Æрæджы ахæм хабар æрцыд: Чырыстимæ бакуывта иу æвзонг чызг-пианисткæ америкаг аргъуантæй иуы. Йæ фыд - католик куы базыдта, йæ чызг аргъуаны уыд, уый, уæд ын загъта: „Æз дæ нæ уадзын аргъуанмæ пианинойыл цæгъдынмæ, куы бацæуай, уæд та-иу дæ хæдзармæ мауал æрбаздæх". Чызг ныккуыдта, рамбырд кодта йæ дзаумæттæ æмæ сæ йемæ бахаста аргъуанмæ. Æрæвæрдта йæ дзæкъултæ пианинойы цур, йæхæдæг æрбадт æмæ райдыдта цæгъдын: „Дæ къæхты бынтæн дын кувын, тыбуафси...". Йæ фырцымыдисæй, æви йæ чызгæн фæтæригъæд кодта, уый ничи зоны, фæлæ фыд уыцы афон уыди аргъуаны æмæ Чырыстийæн йæ зæрдæ радта. Чызджы фæндагыл цæлхдурæн лæууыд хъæздыгдзинад нæ, фæлæ йæ фыды фæндон. Чызг йæ зæрдæмæ айста Чырыстийы фæнд æмæ фæуæлахиз. РАСТУУЫЙ? „...Библийы афтæ фыст ис, зæгъгæ, Хуыцау адæмæн сæ иуты равзæрста фервæзыны тыххæй, иннæты та фесафынмæ. Бакæсут маримæгтæм писмо 8:29-30. Уыйрастыл нымайыс? Æцæг чырыстон чи у, уый никуы фæдызæрдыг уыдзæн Хуы- цауы рæстдзинадыл. Уыцы фарста бæлвырд уымæн нæ иртасынц, æмæ бирæтæ не ’мбарынц, Хуыцау - æххæстæй бынтон рæстдзинад у, уый. Хуыцау ницы хуызы равзардзæн кæцыдæрты ирвæзынмæ, кæцыдæрты - фесафынмæ. Фыццаджыдæр уымæн, æмæ чи фе- сæфт, æмæ сæ чи сафы, уыдоны сæргъы лæууы хæйрæг. Фæстагмæ йæхæдæг дæр фесæфдзæн, ирвæзыныл чи не ’ууæнды, уыдонимæ. Фыстæг афтæ амоны: „Хуыцау нын саккаг кодта фесæфын нæ, фæлæ фервæзын Йесо Чырыстийы фæрцы". 121
Æнæмæнг, римæгтæм писмо (8:29-33) куы фæкæсæм, уæд нæм афтæ зыны Хуыцау раст нæ кæны, иуты равзæрста аирвæ- зыны тыххæй, иннæты та фесафыны тыххæй. Æцæгдзинадæй та уыцы стих ууыл дзурæг у, æмæ куы нæма райгуырдыстæм, æмæ нын хорзæй æвзæрæй куы ницыма бантысти, Хуыцау уæд базы- дта рагагъоммæ, бауырндзæн нæ, æви нæ. Уæвгæ та æнæдызæрдыгæй зæгъæн ис: Хуыцауы уæ зæрдæмæ айсут, Йæ ныхасыл дызæрдыг ма кæнут, Йæ фæндыл цæлхдур ма æвæрут, Йæ коммæ кæсут æмæ ирвæзт уыдзыстут. Кæд æмæ уæ тæригъæдтыл нæ фæсмон кæнут æмæ не ’ууæн- дут, Хуыцауы фæндæй Чырысти уæ ирвæзынгæнæг у, ууыл, уæд Стыр Хуыцауы азымы ма дарут, рæстдзинадыл хæцæг нæу, иуты ирвæзын кæны, иннæты сафгæ, зæгъгæ. Хуыцау ирвæзыны фарнæй хайджын нæ кæны, чи нæ Йæ нымайы, уыдоны, тых- мадзалæй никæйы домы Йæхицæн лæгъстæ кæнын. Кæд уæ Хуыцауы сæр ницæмæн хъæуы, кæд Хуыцауы фыст æрмæст ныхмæлæуддзинæдтæ ссарыны тыххæй кæсут, уайдзæ- фы аккаг ныхæстæ дзы ссарыны тыххæй, уæд уый бæлвырд æвдисæн у, Хуыцау дæ кæй нæ равзæрста ирвæзынмæ. Хуыцау адæймаджы куынæ хъæуа, уæд æм уæвгæ та цы бартæ ис уайдзæфы ныхæстæн? Хуыцауæй разы нæ уæвынæн? Цæмæ бæллы, уый йын нæ дæтты, зæгъгæ? Сымахæн та зæрдæбынæй мæ цæст уарзы: Хуыцауы рæст- дзинадыл баууæндут, кæд уæ исчи дызæрдыг кæны, миййаг, уæд. ФЕСÆФТ ÆВИ ФЕРВÆЗТ „...Уыцы фарстайыл мах ныхас кодтам чырыстон скъолайы. Уæвгæ та ахæм фарста у: Соломон уыд Хуыцауы хъæбул (2 Цар. 7:14), фæлæ йæхи ныллæг æрæппæрста, йæхимæ фæцалх кодта муртатты сылгоймæгты æмæ кувын байдыдта гуымирытæн. Фесæфти Соломон, æви ирвæзту?" Æнæмæнг диссаджы æвзæр хабар уыд уый. Йæхи бынтондæр кæлæхы галау аппæрста, ницыуал æй зонын фæндыд. Ахæм 122
æмбисонд ыл æрцыд Хуыцауы фæндæй, цæмæй фидæны фæлтæртæ, кувæг адæм уæвгæйæ, зоной, Хуыцауы хъæбул дæр фæуы, бирæ фарны хъуыдцæгтæ фæкæн, стæй афтæ æгады бы- натмæ æрхау. Хуыцауы фыстæг лæмбынæг куы раиртасай, уæд бамбарæн ис, Соломон йæ тæригъæдтыл кæй фæфæсмон кодта тынг æрæджиау, зæрондырдæм. Уый фæстæ, йæхи уды цардыл афæл- гæсгæйæ, йæ бон баци мæнæ ацы ныхæстæ ныффыссын: „Искæмæн йæ бон у цымæ зынг йæ дæлармы бакæнын, йæ дарæс ма басудзæд, афтæмæй? Исчи цымæ бафæраздзæн судзгæ зынг- тыл бæгъæввадæй цæуын, йæ къахы бынтæ ма басудзæнт, афтæмæй? Уыдæттæ иууылдæр ууыл дзурæг сты æмæ тæрсын хъæуы тæригъæд хъуыддæгтæй. Уыдæттæ йын æрхауын кодтой йæ бæрзонд сæр ныллæгмæ. Æмæ йæм æрæджиау, тынг æрæджиау йæ зæрдæ сдзырдта æрфæсмон кæнын. Æмæ йын Хуыцау ныб- барста. Лæмбынæгма бакæсут: Пр.2:16-22; 6:23-35: 7:5-27. Екклесиасты чиныджы Соломон тынг хъыггæнгæ равдыста йæ фæсмон, дон дæр æй нал ласта, ахæм тыхджын фæсмон, йæ царды бирæ æнæхъола миты тыххæй. Æмæ сын сæ аххосагыл нымадта йæ бастдзинæдтæ муртат-сылгоймæгтимæ. Соломон кæй нæ фесæфт йæ чъизи царды гуылфæнты, ууыл дзурæг сты Хуыцауы ныхæстæ. Уый Соломоны тыххæй афтæ загъта: „Æз ын уыдзынæн Фыд, уый та Мæнæн фырт, æмæ кæд тæригъæд ракæна, уæд æй фæнæмдзынæн лæгау - лæдзæджы цæфтæй, фæлæ дзы мæ уарзондзинад нæ байсдзынæн" (2 Цар. 7:14-15; Пс. 88:31-35). Уымæй фæстæмæ Паралипоменоны дыккаг чиныджы (11:17) афтæ фыст ис: Хуыцау сфидар кодта Ровоамы æмæ Иудæйы падцзахад æрмæстдæр уымæн, æмæ уыдон цыдысты Давид æмæ Соломоны фæндагыл. Уæдæ уæд рабæрæг, Соломон, иу хатт бæрзондæй ныллæгмæ æрхаугæйæ, фæстæмæ слæууыд йæ къахыл æмæ цыди Хуыцауæй тæрсгæ. 123
РАВДИС МА, ЦЫ ДÆМ ИС... „...Цал æмæ цал хатты сæмбæлдтæн бирсе кæйдæртыл, кæцы- тæ фæзæгъынц, ирвæзт стæм, зæгъгæ. Фæлæ сæ зæрдæтæ ницæ- мæй рухс сты, сæ цæсгомыл нæ зыны циндзинад, иннæтæн Еванге- ли амонынц, сæхæдæг та сæ кæрæдзи тонынц. Цы зæгъдзынæ ахæмты тыххæй? Кæд æмæ дингæнæг сты, уæд цæргæ дæр кæнæнт дины амындмæ гæсгæ (Гал. 5:16), ома, сæ цард хъуамæ цæуа уарзонæй, æнæзæрдæхудтæй, зæрдæрухсæй. Ахæм адæмтæ æз дæр бирæ зонын. Æдылыдзинад у дæхи ахуыргæнæг хонын, æгæр-мæгуыр дæ мыггаг дæр раст фыссын куынæ зонай, уæд. Газеты фыстой иу ахæм адæймаджы тыххæй, фырмæгуырæй нартхоры цæкуы чи уæй кодта, куы амарди уæд та йæ рæбыны мин доллæры гобаны цъары хуыдæй кæмæн разынди, уый тыххæй. Иу зæронд ус та йæхицæн хуыссæнуат æркодта, кæддæр холо- дильник кæм æрбаластой, ахæм гæххæттын къоппы, йæ бызгъуы- рты та æмбæхстæй дардта цалдæр мины. Афтæ вæййы чырыстон царды дæр. Чырыстон лæгæн Хуыцауы ахъазæй йæ дзыппы уыдзæн „минтæ", фæлæ мæгуыргуры цард кæны цæйдæр аххо- сæй. Хуыцауы æцæгдзинадæн аивæн нæй: Хуыцау уарзы дунейы, уарзы адæмы. Æмæ ирвæзыны мадзал дæр уый мидæг ис. КУВУТ ДАРДЦÆР „...Искæйы куы уарзæм æмæ йæ номæй куы кувæм, уæд æй Хуы- цау ирвæзтытимæ фæкæндзæн, Хуыцауы фæндоныл йæхæдæг нæ цæуы, афтæмæйГ Æз мæхи лæджы кой кæнын, йæ бæсты кувын Хуыцаумæ ныр 20 азы дæргъы. Æмæ йын уымæй исты ахъаз фæуы- дзынæн, æви нæ? Мæ зæрдæмæ цæуыс. Æмбарын дын дæ тыхст, зæрдæбынæй бæллыс, дæ мой ирвæзт куы ’рцæуид, уымæ. Тынг хорз! Æгайтма кувыс дæ лæджы тыххæй, йæ аир- 124
вæзыны тыххæй. Фæлæ Хуыцаумæ скувын алы адæймагæн дæр йæ уды хæс у. Дæ лæг йæхæдæг сæрмагондæй йæхи дзыхæй Хуы- цауы ном куынæ ссара, куынæ æрфæсмон кæна, уæд ирвæзтыл зын дзурæн у. Дæ Евангелийы бакæс, уый тыххæй цы фыст ис (Рим. 10:13,14:12). Мæ бон дын зæгъын у æрмæст уый, æмæ ма ныууадз кувын, зæрдæбынæй кув нæ Уæларвон Фыдæй фарны арфæ райсынмæ, цæмæй дæ лæг ирвæзт æрцæуа. Хуыцау дæ æнæрхъуыды нæ ныу- уадздзæн. ÆНÆМИГЪÆЙ... „..Æнæ гæдыныхасæй, алы фарстытæн дæ дзуаппытæ мæ зæрдæмæ цæуынц, æхсызгонæй сæ кæсын газетты. Бирæ æнæхъуа- джы ныхæстæ æмæ дзы мигъы къуымбилтæ нæ зыны. Æмæ мæ бафæндыд, мæ фарстæн дæр дзуапп куы радтис цыбырæй, хуымæ- тæджы ныхæстæй, æнæ философи, æнæ мигъæй. Уæвгæ та афтæ бафæрсинаг дæн: Мæ цæргæ-цæрæнбон никуы никæйы зæрдæхудты бацыдтæн, куыд фæзæгъынц, фысы комæй хал никуы раластон, æмæ мæ мæ ныййарджытæ куыд сахуыр кодтой, афтæ архайын æрмæст хорз ракæныныл. Уырны мæ, Хуыцауæн æхсызгон у уый æмæ мæ фесафын кæд нæ бауадзид, баптист мæ куынæрауайа, уæддæр". Уырнджытæй бирæтæ кæд баптист ном хæссынц, мæнг уырнæг уæвгæйæ, уæддæр ирвæзт нæ уыдзысты, йæ уды хъаруйы фæрцы аирвæзынвæнд чи кæны, уыдоны æмхуызон. Уымæн æмæ æнæ уырнгæйæ айдагъ хорз хъуыддæгтæй иунæг адæймаг дæр нæ фервæздзæн. Цæвиттон алы адæймаг дæр тæрхоны бæрны цæры, исты фыдбылыз æрхаста, уый тыххæй нæ, фæлæ йын цы хъуыддæгтæ нæ бантыст, уый тыххæй: ома, ницæмæ æрдардта Чырыстийы хъизæмар, дзыллæйы аирвæзыны сæраппонд Йесо кæй бавзæр- ста, уыцы удхар. 125
Ам ахсджиаг у, дæ ныййарджытæ дæ кæд æмæ куыд ахуыр кодтой уый нæ, фæлæ Хуыцауы Фыстæг цы зæгъы, уый. Фыстæг бирæ хæттыты зæгъы, æнæ Чырыстийы райсгæйæ, æнæ фæсмон фæкæнгæйæ, фервæзæн нæй. АФТÆ ЦÆМÆН, ÆНДÆР ХУЫЗЫ ЦÆУЫЛНÆ? „..Æрмæстдæр уырнындзинадæй йедтæмæ цæуылнæ ис адæй- магæн аирвæзæн? Ау, Хуыцауы къухы æппындæр æндæр куыд ницы мадзалуыд адæймаджы аирвæзынæн?" Хуыцауы фадæттæн кæрон нæй. Фæлæ, æвæдза, æппæтыл æххæссæг Хуыцау адæмы ирвæзынæн æндæр исты фæндаг сны- сан кодта, зæгъгæ, уæддæр дæумæ æнæ фæзынгæ нæ фæцадаид ацы фарста: „Æрмæстдæр цæмæн ацы фæндаг, æндæр исты мадзалæй цæулнæ ис адæймаджы аирвæзын кæнæн, зæъгæ". Кæд æй ныр бамбæрстай, уæд нæ фарстайы рабæрæг, æппæт- хъомысджын Хуыцауы æххæстæй кæй не ’мбарæм, уый. Дæуæн зын æмбарæн у - цæмæн, куыд, цæй тыххæй? Хуыцау гъе ахæм фæндаг саккаг кодта - уырнындзинады руаджы ирвæзын, адæй- магæн фадат радтын йæ ирвæзæн фæндаг ссарынæн. Хуыцау ни- кæимæ уынаффæ кæны ницавæр хъуыддаджы. Цæмæн ахæм фæндаг равзæрста ирвæзынæн, æндæр исты цæуылнæ æрхъуыды кодта? Уый та мах фæрсинаг нæу. Æрмæст æппындæр дызæрдыг нæ хъæуы уырнындзинады руаджы ирвæзыны пълан æппæты растдæр æмæ æппæты хуыздæр кæй у, ууыл. Цæмæн? Уымæн æмæ Хуыцау Йæхæдæг у иуыл æнæ аипп æмæ бынтон æнæ рæдыд. ЧИУАХХОСДЖЫН? „... Чи у аххосджын, кæд адæймаг тæригъæдты малы райгуырд, уæд. Кæд хъуыддаг афтæ у, уæд мæм мæ зæрдæ дзуры, куыдæй рай- гуырдтæн, уымæй амæлдзынæн... Æмæ мын Хуыцау тæрхон не ’скæндзæн, уымæн æмæ ницы аххосджын дæн..." 126
Уый дæхи уды хъуыдцаг у, - куыдæй амæлдзынæ. Фæлæ дæхицæй дæ ныфс кæй хæссыс „Хуыцауы зæрдæ мыл нæ фæхуд- дзæн", зæгъгæ, уый нæдæр Фыстæджы амынд ис, нæдæр раст адæймаджы хъуыдыйы. Дзырдæн æрхæссæм ахæм цæвиттон. Адæймаг æрвиты æххормаг, мæгуыры бонтæ, хъизæмар кæны. Йæ сыхаг æм дзуры: „Къæбæр мæм бирæ ис, æрбацу æмæ ахæсс лæвар, цас дæ хъæуы, уый бæрц". Фæлæ æххормаг лæг нæ цæуы, нæ куры, нæ хæссы, ома, æз ницы аххосджын дæн мæ мæгуыр- дзинады. Æмæ афтæмæй уалынмæ амард сæрыстырæй, хивæн- дæй, йæ сæрмæ къæбæр ракурын не ’рхæсгæйæ. Амарди æххор- магæй. Зæгъ ма, чи у ам аххосджын? Йæ хъæздыг сыхаг? Æппы- ндæр нæ. Аххосджын уый у, Чырыстийы фарнæй хай чи нæ бакуымдта, йæ тæригъдтыл фæсмон кæнын кæй нæ бафæндыд. Ды фыссыс: „...Хуыцау мын тæрхон не ’скæндзæн", Хуыцау та Йæ дзырды зæгъы: „Æнæуырнæг ныридæгæн у тæрхонгонд" (Ин.3:18). ХУЫЦАУЫ БОН У, АДÆЙМАДЖЫ ТА НÆ ФÆНДЫ „...Уæддæр æй не ’мбарын, цæмæну, афтæ: Хуыцау у Æппæт- хъомысджын Хуыцау, æмæ зоны, адæм сеппæт дæр сæфт кæй сты, фæлæ йæ бон цæуылнæ у, æппæт адæм цæмæй фервæзой, уый бакæнын?" Хуыцауы фæнды ÆППÆТ адæмы дæр фервæзын кæнын. Уый, миййаг, афтæ куы нæ зæгъы: „Ирвæзут, кæмæн куыд гæнæн ис, афтæ", кæнæ „чи куыд æрæхсы, афтæ" Хуыцау байгом кодта адæм сеппæтæн дæр ирвæзыны фæндаг. Æмæ канд ирвæзынмæ нæ сиды, фæлæ ма ахæм фадæттæ дæр аразы, адæймагæн, æндæрырдæм фездыхсæн ын куыд нæ уа: цæугæ æрмæстдæр Хуыцаумæ, æндæр гæнæн нæй. Æмæ йæ мæ сæр æппындæр нæ ахсы, адæймаг куыд сарæхсы иуварс алæууын, арæхдæр та - хатыр курын: „Æз галтæ балхæдтон", „ус ракуыр- дтон", нæ мæ ’вдæлы" æмæ бирæ æндæр æфсæнттæ. Уæ зæрдыл ма лæууы, Чырысти цы рагон æмбисонд æрхаста, уый? 127
Хуыцау æппæтхъомысджын у, Йæ бон цынæ у, ахæм ницы ис, фæлæ Йæ нæ фæнды адæймаджы тыхтард кæнын раст фæндагмæ. Уæд адæймаг адæймаг дæр, æвæдза, нæ уаид. Аирвæзыны фарста дæхи фарста у æмæ йæ алыг кæнын хъæуы сæрмагондæй дæхи фæндонмæ гæсгæ. Хуыцау дын ахъаз кæны, фæлæ æппынфæстаг уый дæхи уды хъуыддаг у, куыд дæ бафæнда, афтæ йæ алыг кæн. Ды иугæр сфæнд кæн, æндæр йæ сæххæст кæнын кæсы Хуыцаумæ. Йе ’хæстæ та æххæст кæны æнæ фæкъуылымпыйæ. Йесо Чырысти дæр нын уый тыххæй лæвæрд у, куыд нæ сæрмагонд Ирвæзынгæнæг. Ау, цымæ зын æрцæуæн у? Дæ тæригъæдтыл басæтт æмæ Йын Йæ къæхтæм æрхау. Ирвæзындзинад æвæдза æрмæст уый мидæг ис. ЧИ СТЫ УНИВЕРСАЛИСТТÆ ТА? „...Ног хæдзармæ алыгъдтæн æмæ уым мæ ног сыхаг разынди кувæг лæг. Фæлæ мæ дисы бафтыдта, аргъуанмæ кæй нæ цæуы, уый. Æмæ йæ куы рафарстон, цавæр диныл хæст у, уымæй, уæд мын загъта: универсалист. Мæ цæсгом нæ бахъæцыд, уый цавæр дину, цы гæнæгу, зæгъгæ, бафæрсын. Æмæ мæнæ ныр дæу фæрсын". Универсалисттæ фыццаджыдæр фæзындысты Англисы, 1750 азы. Сæрмагонд организаци никуы уыдысты, архайынц иугай, алчи йæхæдæг, кæнæ та чысыл къордтæй. Куыд æнхъæл сты, афтæмæй дунейы дзыллæтæ иууылдæр фервæздзысты Хуыцауы фæрцы, ничи дзы фесæфдзæн, æнæ иу хъуагæй сеппæты дæр Хуыцау Йæхи æвджид бакæндзæн уæлæрвты. Уымæ гæсгæ уырн- джытæм ницы бар дарынц. Æмæ кæд иууылдæр фервæздзысты, уæд ма цæмæн хъæуы Евангели ахуыр кæнын? Иу ахæм универсалистыл амбæлын æз дæр мæ куысты. Æмæ йæ кæддæр афтæ бафарстон: цы уыдзæн мæрдты бæсты уыцы тыхгæнæгæн, æрыгон чырыстон чызгæй фæхынджылæг кæны- ны, стæй йæ амарыны тыххæй, электрон бандоныл кæй басы- гътой, уымæн. Чызгимæ иумæ иу дуарыл бахиздзысты дзæнæт- мæ æмæ Хуыцауы раз æрæнцайдзысты зæдтимæ иумæ??? 128
Универсалист мын бæлвырд бæрæг дзуапп нæ радта, æвæц- цæгæн, йæ бон нæ баци. Лæг та йæхæдæг хорз адæймаджы каст кæны, фæлæ йæ йæ хæлар зæрдæ уæддæр нæ фервæзын кæндзæн æнусон тæрхонæй, Чырыстимæ куынæ раздæха, уæд. АБОН „...61 азы мыл рацыд, фæлæ никуы уыдтæн дингæнæг адæймаг. Бынтон æнæнхъæлæджы мæм æрбахаудта журнал „Новая Заря", кæйдæр фарстытæн ды дзуапп кæм дæттыс, уыцы номыр. Мæ зæрдæмæ фæцыдысты дæ ныхæстæ æмæ мæ бафæндыд Евангели бакæсын. Æмæ хъуыды кæнын, цымæ æгæр нæ байрæджы кодтон мæуд аирвæзын кæныныл?" Нæ фыдæлтæй æмбисондæн баззад: „Фæлтау æгæр дæр байрæджы кæн æппын никкæддæры бæсты". Евангели та зæгъы ноджы бæлвырддæр: „Мæнæ ГЪЕНЫР у хорз афон, мæнæ ГЪЕНЫР у ирвæзыны бон (2 Кор. 6:2), ГЪЕНЫР абон, мæнæ ацы сахат". Адæймаджы уд ирвæзын кæнынмæ бацæттæ кæныны тых- хæй Сыгъдæг Уд кусы бирæ азтæ. Бауырнын æмæ адæймаджы фендæрхуызон кæнын та дæргъвæтин хабар нæу, æрцæуы æвип- пайды, æнæнхъæлæджы. Ууыл сагъæс кæнын æрæгмæ уæд уыдзæн, дæ мæлæт куы ’рцæуа. Фæлæ цалынмæ цæрыс, уæдмæ хъуыды кæн дæ удыл, кæс Евангели æмæ пайдайаг æндæр чингуытæ, цу аргъуанмæ, Хуыцауы ныхас кæм æмбарын кæнынц, уырдæм. Иунæг Кад- джын Хуыцау дын ахъазгæнæг фæуæд. ФÆСМОНГÆНДЖЫТÆН ХАТЫР „...Советон бæстæйы æз уыдтæн æнæхуыцæутты Цæдисы ак- тивон уæнг, кастæн лекцитæ Хуыцауы ныхмæ, суанг ма сауджын- тæй чидæртæ дæр мæн азарæй баййæфтой æфхæрд. Куыд хъуамæ 129
мæ зæрдæ дарон æз хатырыл, чи мын ныббардзæн мæ тæри- гъæдтæ?" Савл уыди Чырыстон Аргъуаны æфхæрæг, фæлæ йын Йесо уæдцæр бахатыр кодта, фæсидти йæм, фæхайджын æй кодта Сыгъдæг Уды фарнæй æмæ дзы рауайын кодта сабырдзинады минæвар, йæ ном та йын аивта Павелæй. Хуыцауы Фыстæджы афтæ амынд ис: „Хуыцауы Фырт Йесо Чырыстийы Туг мах сыгъдæг кæны нæ тæригъæдтæй (Шн. 1:7). Раст зæгъын хъæуы, уымæн сæрмагонд мадзæлттæ ис: баууæндут Евангелийыл, Уый Хуыцауы дзыхæй рацыд. Фæсмонгæнджытæн хатыр кæны Чырысти. Уый æппæт дунейы тæригъæдтæ дæр „Йæхимæ рай- ста", тæригъæдджынты сæраппонд Йæхи мæлæтмæ радта. Хатыр кæмæн нæ уыдзæн, ахæм тæригъæдцжынтыл банымайæн ис, Хуыцауимæ æнæ бафидаугæйæ чи амард, уыдон, фæлæ цалынмæ а зæххыл цæрут, - уæдмæ ирвæзынгæнæны дуар сыма- хæн уыдзæн гом. ФЕХЪУЫСТОН ЦЫМА... „...Афтæ фехъуыстон, цыма дзырд „дзуттаг", ирвæзынмæ æв- зæрст амоны. Афтæмæй уæдæ дзуттаг лæг Чырыстийыл æууæн- ды, æви нæ, уæддæр хъуамæ ирвæзт æрцæуа? Уый тыххæй ды исты зоныс?" Æцæгдæр фехъуыстон ахæм æмбарындзинад. Хуыцауы дзырд та афтæ амоны: „Дзуттаг уый нæу, йæ бакастмæ гæсгæ дзуттаг кæмæй фенхъæлæм... Фæлæ дзуттаг уый у, йæ зæрдæйы ахаст ахæм кæмæн у... йæ зондахастмæ гæсгæ нæ, кæнæ куыд фыссы йæ адæмыхатт, уымæ гæсгæ нæ, фæлæ йæ зæрдæйы хаттмæ гæсгæ (Рим. 2:28). Æз дзуттаг æвзаг никуы ахуыр кодтон, фæлæ зонын фыццаджы фыццагдæр, дзуттагыл нымад æрцыд Аврам йæ фыды фыды фыд Еверы номмæ гæсгæ (Быт. 11:14, абарут æй Быт. 14:13). Фæлæ уæддæр ацы фарста ницы бар дары нæ ирвæзындзинадмæ, уый та нæ царды у ахсджиагдæр. 130
ИУЫРДÆМ „...Кæсын дын дæ Беседæтæ æмæ раджы бафиппайдтон, дæ куыст иуырдæм арæзт у: мæ дины фæдыл цу æмæ ирвæзт уыдзынæ, науæд- фесæфдзынæ... АфтæрастуТ Зынаргъ æмбал, мæ Беседæтæ, æвæццæгæн, иннæрдæм хъуы- ды кæнгæйæ, фæкæсыс, стæй сæ, мæнмæ гæсгæ, кæсгæ дæр æххæстæй нæ кæныс, дæ цæст цыл ахæссыс æндæр. Æмæ уымæн сдзырдтаг сты. Раст у, „иуырдæм тынгдæр здæхын æз", фæлæ кæцырдæм? „Мæхи дины ’рдæм нæ, фæлæ Чырыстийы ’рдæм, зыбыты иунæг æдасдзинады æмæ, ирвæзынгæнæг фæндаджы ницы пайда ис нæдæр дæуæн, нæдæр Хуыцауæн. Уый тыххæй бирæ хæттыты фыстон æз. Никæмæ сидын йæ дин аивынмæ, фæлæ сидын Чырыстимæ, дæ цард аивын кæй бон у, уымæ. Æмæ цас тагъддæр æрцæуа, уыййас дæуæн хуыздæр. ЧЫРЫСТИ ЦÆУЫЛНÆ ИРВÆЗЫН КÆНЫ ÆППÆТЫ ДÆР „...Евангелисттæ иудадзыг дзурынц, адæймаг йæхæдæг хъуамæ мацы кæна фервæзыны тыххæй, стæй йæ ирвæзын кæнын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ йæ Ирвæзынгæнæг у Чырысти. Кæд афтæ у, уæд Чырысти цæуылнæ ирвæзын кæны æппæты дæр æмæ алкæйы дæрТ Адæймаг йæхи кæй нæ фервæзын кæндзæн, æрмæст æй Чы- рысти кæй ирвæзын кæны, уый амоны Евангели кæрæй-кæрон- мæ. Бакæсут ма уæд та мæнæ Ап. хъ. 4:12,16:31; 1 Тим. 1:15. Хуыцаумæ ис тых, цæмæй фервæзын кæна алкæйы дæр æмæ се ’ппæты дæр, фæлæ ам дæ хъуыдыйы не ’рцыд иу хъуыдтаг: Хуыцау адæймаджы нæ ирвæзын кæны æнæ йæхи фæндоны архайдæй. Дæхи куынæ фæнда фервæзын, уæд дæ Хуыцау нæ фервæзын кæндзæн, цыфæнды адæймаг куы уай, уæддæр. 131
Ирвæзындзинад у - Хуыцауы лæвар, йæ къух чи бадаргъ кæны Хуыцаумæ, уый йæ райсы. Хатыр Дзы чи ракуры, уымæн хатыр кæны. Æххуысагурæгæн дæр. Хуыцау никæмæн кæны тых æххуыс, фæнды йæ нæ фæнды, уæддæр, фæлæ уыцы хæзна лæвар кæны фæсмонгæнджытæн. Уæвгæ та адæм сеппæт дæр æмæ алчи дæр хицæнæй Хуыцауы фæрцы ирвæзт уæд уыдзысты æмæ Чырыстийыл куы æууæндой, Евангелийы ахуырадмæ куы здæхой. Фæлæ хъыгагæн, абоны дунейы уыдæттæн бынат нæй, æххæст сæ кæнынц æрмæст иуæй- иутæ, адæм сеппæт нæ, æмæ гъе уыдон æнæмæнг æрцæудзысты ирвæзт. ÆНУСОН ЦАРДМÆ ЦÆТТÆ КÆНГÆЙÆ „...Неппæт дæр тæригъæдджынтæ кæй стæм, уый дызæрдыггаг нæу. Уæхицæй ма æппæлут дзæгъæлы, цыма ирвæзт стут зæххыл. Бынтон æнаипп суыдзыстæм æрмæстдæруæлæрвты... " Иууылдæр тæригъæдджынтæ кæй стæм - уый раст у. Фæлæ сымах зонут, кæй ис Чырыстийæ ирвæзт тæригъæдджынтæ. Чырысти зæхмæ æрцыд æрмæстдæр тæригъæдджынты фервæ- зын кæнынмæ. Зæххыл цæргæйæ махæй æнæтæригъæд ничи уыдзæн. Фæлæ цæрæн та ис Хуыцауы ныхасмæ гæсгæ. Уарзæн дæр ис, суанг де знæгты дæр ма, дæ зæрдæйы рæбын Чырысти куы цæра, уæд. Бирæгъы зондимæ æмæ бирæгъы дæндæгтимæ, æвæдза, Хуыцауы дунемæ ничи бахаудзæн. Ингæн никæйы сраст кæндзæн. Кæд æмæ баныгæдтат „бирæгъы" уæд куы райгас уа, уæддæр уыдзæн „бирæгъ". Зæрдиаг фæсмон аивы тæригъæд- джын зæрдæ. Хъуамæ суай Чырыстийы дзуджы фыс, æмæ уæд дæ зæрдæ дар, уæлæрвты дын кæй ис бынат. Уырдæм хи цæттæ кæнын та у нæ царды нысан. 132
ИРВÆЗЫНГÆНÆН ФÆНДАГ У ХУЫМÆТÆГ „...Диссаг мæм кæсы, Æргомады чиныгыл цæуылнæ фыссыс? Уыцы чиныг алчи алы хуызы æмбарын кæны... Хуымæтæджы чиныгкæсæг кæнæ газеткæсæг, уыдæттæн бæлвырд ницы зоныГ. Чырыстийы Бындурон ахуырад афтæ бæлвырд, афтæ хуы- мæтæг у, æмæ йæ суанг сывæллæттæ дæр бамбардзысты. Уæд дзы цæмæн хъæуы æнæмбаргæ æнæхъуаджы ныхæстæ? Мæ Беседæ- ты нысан у, Библи æвзарын нæ, фæлæ хуымæтæджы ныхасæй адæмæн Чырыстийы бацамонын, уымæн, æмæ Уый йедтæмæ никæмæ ис ирвæзындзинад. Зынæмбарæнæй ацы ахуырады ни- цы ис. Ирвæзынгæнæн фæндаг у бынтон хуымæтæг, æмæ не ’ппæ- ты цы хъæуы, уый у. Бавналын хъæуы „Ног Фæдзæхст" ахуыр кæнынмæ, æрмæст „дзуттагау" нæ, ома, æппæты фæстаг фарсæй, фæлæ йæ тæккæ фыццаг сыфæй райдайгæйæ. Æмæ йæ арф чи айса йæ зæрдæмæ, бæлвырд чи бамбара Иоанны Евангелийы æртыккаг сæргонд, уый „Æргомады чиныг" дæр бамбардзæн. V ЦÆМÆН? КÆД? КÆЦÆЙ? „УÆЛАРВОН БАРАБАНЩИК" „...Дæуæн, æвæдза, хорз æнтысы иннæ динтæ фауын, уæлдайдæр та дæ брошюрæйы „Нæ бакомдзыстæм Израилы фæдыл ацæуын", зæгъгæ, уым. Фæлæ дæхи аргъуанты та цыми кæнынц адæм?Кæмæн куыд æнтысы, афтæ дзы алчи цæгъды пианинойыл, хъисын фæн- дырыл, аккордеоныл, суанг ахæццæ сты трубатæм дæр. Æрмæст ма сты барабанхъуаг, уый та сыл ды бафтыдтай дæ фыстытæй..." Цыргьзонд, фæлæ хъыгагæн æнæ ’рхъуыды, æнæууылд ныхас кæй фæхонынц, ахæм, уымæн æмæ Хуыцауы Фыстæг бынтон æндæр хуызы дзуры, дæ хуызæн нæ, фæлæ. Бакæс ма йæ: „Æппæлут Æй зæлджын трубайæ, æппæлут Æй псалтирыл æмæ гуслитыл, æппæлут Æй зæлджын кимвалтыл..." (Пс. 150). Уый 133
хорз æвдисæн нæу Хуыцауыл зарыны тыххæй? Аккордеонæй, хъисын фæндырæй, пианинойæ Йæ намысыл зарын æмбæлы... „Нæ бакомдзыстæм Израилы фæдыл", мæн фæндыд Хуыцауы къухы „барабанæй цæгъдæг" фестын, цæмæй адæмы райхъал кæнон сæ тæригъæдтаг мæрдфынæйæ. Брошюрæ мыхуыры рацыди æртæ хатты. Æмæ ма йæ рауадзын хъæуы ноджыдæр. Бузныг дæ писмойæ, замманай хъуыдыйыл мæ бафтыдтай, - радзырд „Уæларвон барабанщик" ныффыссыныл. ЦÆМÆН? „...Чырысти куы райгас, уæд цæуылнæ фæзынд Пилатмæ кæнæ сауджынты хистæрмæ? Куы сæм фæзындаид, уæд сæ бауыр- ныдтаид, Уый- Чырысти кæйу, æмæЙыл баууæндыдаиккой". Мах нæхи дæр хорз нæ зонæм, искæйы та - æппындæр нæ. Хуыцау махæй алкæйы дæр хуыздæр зоны. Дæумæ гæсгæ мæрдтæй рабадæг Чырысти Пилаты бауырнын кодтаид æмæ Пилат æрфæсмон кодтаид? Раст афтæ хъуыды кодта иу хъæздыг лæг, зындонмæ куы бахауд, уæд. Уым йæ зæрдыл æрлæууыдысты йе ’фсымæртæ: „Мæрдтæй сæм кæд исчи рацæуа, уæд æрфæсмон кæндзысты". Фæлæ райста ахæм дзуапп: „Кæд æмæ Мойсеймæ æмæ пахуымпартæм нæ хъусынц, уæд мæрдтæй рацæуæгыл дæр нæ баууæнддзысты" (Лук. 16). Тарст сауджын тынг хорз æм- бæрста, Йесо райгас, уый, фæлæ уымæй нæ фендæр йæ ахаст Чырыстимæ, нæ фендæр йæ зæрдæйы уаг Чырыстийы ахуыр- гæнинæгтæм дæр. 0, зыдтой раздæр дæр, Чырысти Хуыцауæй æрвыст у, уый. Иудейæгты хицæуттæй иу - Никодим комкоммæ зæгътæ: „МАХ ЗОНÆМ, ДЫ - АХУЫРГÆНÆГ КÆЙ ДÆ, Хуы- цауæй æрвыст"(Ин. 3). Чырысти куы райгас, уæд бацыд, чи дзы нæ фæтарст, уыдон- мæ, кæмæн нæ фæхъæбæрдæр йæ зæрдæ, фæлæ ма йæ уыр- нындзинад кæмæн фæфидардæр, уыдонмæ. Уарзондзинад, дам, уарзтмæ райхъал вæййы. Чырыстийы райгас циндзинад хæссы, тасдзинад нæ, фæлæ. Чидæриддæр зоны, Чырысти куы райгас, 134
уæд фыццаджы фыццагдæр фæзынди Мария Магдалинæмæ ин- гæны цур. Цæмæн? Уымæн, æмæ уыцы сылгоймаг ацыд æппæты фæстæ, Йесойы цурæй, дзуарыл Æй кæм байтыгътой, уырдыгæй æмæ æппæты разæй æрбацыд ингæнмæ. Чырысти сылгоймæг- тæм фæзынди дзургæйæ: „Цин кæнут!" Афтæ никуы загътаид Йесо сауджынты хистæрæн æмæ Пилатæн". Апостол Павел æмæ Лука дæр фыссынц, Чырысти Йæ райгасы фæстæ кæй фæзынди Петрмæ дæр. Куыд? Йæ бæлвырд хабæрттæ йын ничи зоны. Чырысти фæзынди Йæ дыууæ ахуыргæнинагмæ Еммаусмæ фæндагыл (Иерусалимæй 25 версты æддæдæр). Уый фæдыл баф- тыд Заведейы æфсымæрты хæдзармæ Йæ ахуыргæнинæгтæм (нæ дзы баййæфта æрмæст Фома æмæ Иудæйы). Уымæй иу къуыри фæстæдæр та ахуыргæнинæгтæ ногæй фембæлдысты Йесойыл, Фома дæр дзы уыди, афтæмæй. Стæй та Чырысти фæзынди Йæ ахуыргæнинæгтæй авдмæ Елеоны хохы сæрыл. Æмæ Павел куыд фыссы, афтæмæй уыциу рæстæджы сæмбæлди фондз сæдæ адæймагæй фылдæримæ. Фæстæдæр фæзынди Савлмæ дæр, „куыд цавæрдæр фыдлæг- мæ", афтæ хуыдта йæхæдæг йæхи. Уыцы фембæлд Савлæй скодта Апостол Павел. Уæдæ нæ зæрдæмæ хæстæг айсæм Чырыстийы ныхæстæ: „Цæй амондджын сты, æнæ фенгæйæ Йыл чи баууæндыд, уыдон". НОЙ ÆМÆ СЫВÆЛЛÆТТÆ „...Дæ Беседæ дын бакастæн Ной æмæ йæ науы тыххæй. Æмæ мæм ахæм хъуыды æрцыд, ау, Хуыцаумæ æндæр куыд ницы мадзал разынди дуне хъаймæтæй фервæзын кæнынæн? Стæй куыд фер- вæзтызты Нойы сывæллæттæ та, кæд Ной æрмæст йæхæдæг уыд рæстгæнæг, уæдГ Алчи дæр зоны, буары исты хай куы фембийы æмæ йын сдзæбæх кæныны мадзал куынæ вæййы, уæд æй ралыг кæнынц. Афтæ бакодта Хуыцау дæр æгоммæгæс дунейæн, удæгас ма дзы ныууагъта æрмæст аст адæймаджы. 135
Революцийы заман Мæскуыйы иу приюты (сидзæрты хæдзар) фæзынди æвзæр хæцгæ низ, хос кæмæн нæ ардтой, ахæм. Кæуыл бахæцыд, уыцы сывæллæтты сеппæты дæр фæхицæн кодтой иннæтæй, стæй сæ топпæй фехстой æмæ сæ иу дзыхъхъы баныгæдтой. Хуыцау афтæ нæ бакодта дунейæн. Бирæ азты Уый Нойы фæрцы сидти адæммæ, амыдта сын фæндаг аирвæзынмæ, фæлæ адæм нæ фæсмон кодтой сæ тæригъæдтыл, нæ байхъуыстой Хуыцауы фæндмæ. Мæнæ ныр дæр афтæ. Дох- тыры амынд куы ницæмæ дара рынчын, уæд ын никæйы бон у баххуыс кæнын, æмæ йын æнæ амæлгæ нæй. Дунейы хъуыддаг дæр гъе афтæ. Адæймаджы куынæ фæнда райсын ирвæзын- дзинад уырнгæйæ, уæд ын кæй бон цы у? Аргъуыд дон? Ницы йын баххуыс кæндзæн, йæхæдæг йæхи галиу митыл куынæ фæфæсмон кæна, æмæ Чырыстимæ куынæ раздæха, уæд. „Ис мын алы бар арвыл æмæ зæххыл дæр", - загъта Чырысти (Мф. 28:18). Уæдæ куыд фервæзтызты Нойы цот? Ной - фæзминаг фыд у. Йæ æртæ фыртæн загъта наумæ бахизын æмæ бахызтысты. Фырттæ уыдтой, сæ фыд Хуыцауы фæдыл кæй цæуы, æмæ бай- хъуыстой йæ фæндмæ, бацыдысты ковчегмæ. Æвæццæгæн, уарз- той сæ фыды. Махыл стыр бæрнондзинад ис, ахъаззаг хæс æвæрд нæ цоты хъомылады. Нæ сабиты тыххæй дзуапп раттын бахъæу- дзæн Стыр Хуыцауы раз. Уый рохгæнинаг нæу. Францы бæстæйы Ривьерæйы, фыд йæ фырттимæ цæугæдоны арф баленк кодта æмæ сабитæ... фæдæлдон сты. Уый адыл фыдæн йæ зæрдæ аскъуыд æмæ дæ фыдгуыл афтæ... Йæ мæлæты размæ ма йын уый зæгъын бантыст: „Æгæр арф баленк кодтон, æгæр!... Мæн аххос у!..." Уæдæ цæй æмæ афтæ бакæнæм: ма „баленк кæнæм" нæ саби- тимæ æгæр арф, Хуыцауæй куыд адард уæм, уый онг. ЦÆУЫЛНÆ ДЫМЫН ÆЗ? „...Дæ фыстытæй иу ран бакастæн тамакойы тыххæй. Æмæ дæумæ гæсгæ тамакодымæгæн чырыстон уæвæн нæй? Æвзæрæй дæм дзы цы зыны тамако дымыны?" 136
Æвзæрæй, куы зæгъай, уæд фыццаджыдæр уый, æмæ тамако у наркотичы мыггаг. Барвæндонæй фæрухсдæр кæн дæ зæрдæ, мацы уал æмбар, - уымæй дæхи сайыс, дæ удæн та ницы пайда хæссы, рак дыл цы бафтауа, де ’нæниздзинад цы фæцуда, æндæр. Уымæй ма хъылмайы „тæф" кæндзæн. Æмæ ууыл æхца хардз кæнын тæригъæд нæу уæдæ? Библи афтæ зæгъы: „Цæмæн дæ хъæуы æвзист дарын, дзул, мыййаг, куынæ у, дæ фæллой йыл цæмæн хардз кæныс, æфсæдæн, миййаг куынæ у". Афтæ тамако дæр, æфсæдæн, миййаг, куынæ у. Уæвгæ та хъуыддаг афтæ цæуы, æмæ адæймаг тамакойы нæ бадымы, фæлæ иннæрдæм, тама- ко йæхæдæг адæймаджы бадымы, адæймаг бахауы тамакойы уацары. Чырысти уырнæг адæммæ сиды, фæздæг калынмæ нæ, фæлæ уарзондзинады арты судзынмæ, рухсы тæмæнтæ калынмæ. Адæймаг афæдзы дæргъы тамакойыл куы хардз кæна, Еванге- лийы хъуыддæгтыл цас хардз кæны, уымæй фылдæр, уæд куыд хъуамæ баууæндон ахæмыл, Хуыцауæн аккаг аргъ кæны, зæгъгæ? Рохгæнинаг нæу мæнæ ахæм хъуыдтаг дæр, дины æгъдæут- тæм гæсгæ йæ дымын чи ныууадза, уый бахаудзæн Уæларвон Паддзахадмæ. Иуæй-иу „кувджытæн" тамако дымын уаид пайдадæр, сæ хионтимæ æппынæдзух зæрдæхудтæй цæрыны, хахуыртæ кæныны, чъындыгопп уæвыны æмæ æндæр ахæм æнæуаг миты бæсты. Дæ фарстæн дын дæттын æргом дзуапп: Чырыстон бæрæг хъуамæ уа йæ хæларзæрдæйæ, йæ рæсугъд хъуыддæгтæй, тамако дымы, æви нæ, уымæй нæ фæлæ. ЗÆРДÆЙЫ МИДÆГ ДЗÆНÆТ „...Нæ бамбæрстон, мæсыг уæларвмæ самайын бафæлварыны тыххæй цæмæн бахъуыд адæмы бафхæрын. Кæд æмæ уæлæрвты дзæнæт ис æцæг, уæд æй цæмæн хъæуы адæмæй æмбæхсын. Уадз æмæ асинтыл хæрдмæ гæппгæнгæ алчи йæхи мæсыгыл схызтаид æмæ йæхи цæстæй федтаид, уæларв цавæр дзæнæт ис, уый. Нæ! Мæ зæрдæмæ нæ цæуы дзæнæты хицау, æгæр хиуарзону. Йæхицæн хорзуæд, адæм цыфыддæр фæуæнт, бынæй зæххыл цæргæйæ..." 137
Дæ фарстæй бамбæрстон кæй дæ нæ фæнды æцæгдзинад базонын. Хуыцауы Фыстæгмæ куы æркæсис, уæд бамбарис, Вавилоны мæсыг саразынмæ уыцы адæмы кæй самидин кодта, Хуыцауы базоныны, кæнæ дзæнæт ссарыны хъуыды нæ, фæлæ „СÆ НОМ АЙХЪУЫСЫНЫ" бæллиц (Быт. 11:4). Куыд дæм кæсы, уый арфæйаг фæндон уыд? Цымæ Люциферы бæллиццы æнгæс нæу, Хуыцауæй уæлдæр схизыны фæнд? Нæ, Хуыцау нæ амоны ахæм мадзалæй дзæнæтмæ схизын. Ракеттæй дæр æмæ спутниктæй дæр, æвæдза, нæ фæхæццæ уы- дзынæ дзæнæтмæ. Хуыцауы фæнды адæймагæн дзæнæт йæ зæр- дæйы мидæг саразын. Адæймаг та йæ ных сарæзта Хуыцауы фæндонмæ æмæ нæ комы, нæ разы кæны ууыл. Адæм бæргæ кæ- нынц сæ дзыхæй дзæнæты кой, сæ зæрдæйы мидæг та хæссынц марг, тох самадтой Хуыцауы ныхмæ. Стæй не ’ууæндынц, дзæнæт æцæг ис, ууыл дæр. Уыдонмæ гæсгæ дзæнæт ис æрмæст аргъæутты. Афтæмæй уæд цы мадзалæй хъуамæ бафта къухы, уæлдайдæр та йæ куыд сарæзтæуа зæххыл? Уый æрцахсæн нæй адæймаджы зондæй. Коммунисттæ фæлвæрдтой, бæргæ дзæнæт саразын, фæлæ никуы æмæ ницы. Стæй дзы никуы ницы рауай- дзæн, уымæн æмæ уыдон дæр мæнæ дæ хуызæн хъайтарæй лæууынц Хуыцауы ныхмæ, нæ Йæ нымайгæ кæнынц, нæ кувгæ. Ды бауайдзæф кодтай „Йæхицæн хорз уæд, æндæр адæм цыфыддæр фæуæнт...", зæгъгæ. Уый тынг æгъатыр уайдзæф у Хуыцауæн, тынг аипп. Уæд афтæмæй куыд бауарзта Хуыцау дун- ейы æмæ мæлæтмæ куыд радта Йæ Иунæг Фырты, цæмæй алы уырнæг адæмаг ма фесæфа, фæлæ йын уа æнусон цард (Ин. 3:16). Хуыцау дунейы бауарзта хъуыддагæй. Фæлæ адæм фылдæр уар- зынц талынгдзинад, æнæхъола цард æмæ хæстæг нæ цæуынц Хуыцаумæ. Ам цы зылын у Хуыцау? Адæм хъизæмарæй мæлынц æмæ мæлдзысты, цалынмæ Чырыстимæ не ’рцæуой, уæдмæ. Нæ, нæ, зынаргъ æмбал, царды æцæгдзинад æппындæр нæу, дæумæ куыд кæсы, ахæм. Мæ цæст дын уарзы мæ фæндмæ байхъусын: кæрон скæн Хуыцауы ныхмæ тохæн æмæ дæм æрцæуæд фæсмон, Хуыцау дын бахатыр кæндзæн, кæй Йыл не ’ууæндыс, уыцы тæригъæд. Бынтон дзæгъæлы зыввыт кæныс цъыфы гуппæртæ хурыл. Йæ рухс нæ фæмынæгдæр уыдзæн, 138
стæй дæу дæр тавы, хорз адæймаг. Дæ цъыфтæ та фæстæмæ хауынц дæхи цæсгоммæ. Уый бамбар. ЦÆУЫЛНÆ? „...ЦÆУЫЛНÆ ныууагъта Чырысти сæрмагондæй Йæхи фыст Евангели?Æппæт быцæутæн дæруæдуыдаид кæрон..." Чырысти æппындæр ницы ныууагъта æвдисæйнагæн. Цæ- уылнæ? Æвæццæгæн, уымæн æмæ хорз зоны адæймаджы зонда- хаст, дзаумайы номыл цы уыны, уый йæм уæларвæй æруадзгæ кæсы, бакувыны аккаг. Алчи дæр зоны, Хуыцауы минæвæртты фыст Евангели мыхуыргонд цæуы типографийы. Афтæмæй бирæтæ уыцы чиныгæн пъатæ байдайынц, суанг ын йæ мидис чи нæ зоны, кæсгæ йæ чи никуы бакодта, ахæмтæ дæр. Чиныгæн лæгъстæ кæнын æмæ дзы цы фыстытæ ис, уыдон æххæст кæнын иу не сты. Уæ цæстытыл ма ауайæд, Чырысти æцæгдæр Йæхи къухы фыст Евангели куы ныууагътаид, уæд милуангай адæмтæ уыцы алæмæты чиныгæй иунæг сыф агурынмæ дæр кæрæдзи сæрты хаудтаиккой бакувыны мон- дагæн. Ферох сæ уыдаид уый раз Хуыцау. Кувын та æппæты фыццаг хъæуы Хуыцауæн. Иоанн зæдæн куы бакуывта, уæд ын уый загъта: „Дæхи хъахъхъæ! Ма кæн афтæ, уымæн æмæ æз дæн дæуæн лæггадгæнæг". Корнилийы хæдзармæ Пётр куы бацыд, уæд ын уый салам радта, йæ уæрджытыл æрлæугæйæ. Пётр æй хæрдмæ сивæзта æмæ йын загъта: „уæлæмæ сыст, æз дæр адæймаг дæн". Хуыцауæй фæстæмæ æндæр никæмæ æмбæлы кувын. Хуы- цауæн хъыг у исты æвдисæйнæгтæн, зæххон раст адæмæн кувын. Адæймаг адæймагæн куыд хъуамæ кува? Цæй тыххæй? „Чырыстийы дзуары" къæрттытæ æрæмбырд кæн, уæд дзы æнæхъæн нау саразæн уаид. Афтæ рауадаид хъуыддаг йæ къух- фыстытимæ дæр. Дины æгъдæутты бирæ ис кæнгæ митæ. Еван- гелийы ахсджиагдзинад æмæ йæ кад нæ фæкъаддæр, Чырыс- тийæн Йæхи къухы фыст кæй нæу, уый тыххæй. Фæлæ дæлæ кæнæм, уæлæ кæнæм, уæддæр Фыстæджы автор адæймаг нæу, 139
йæ ныхæстæ сты Хуыцауы дзыхæй рацæугæ, зæххон адæймаджы хъуыдытæ нæ, фæлæ. РÆДЫД ХАТДЗÆГ „...Куыд бамбарæн ис дæ ныхас? Дæхи Хуыцауы бæрны уадз", - зæгъгæ, мын куы амоныс. Дæ Беседæмæ гæсгæ ахæм хатдзæг скæ- нæн ис, цыма адæймаг Хуыцауæй барджындæр у: адæймагæн цыма йæ бонуХуыцауы бæрны йæхи ныууадзын, кæнæ нæ ныууадзын". Раст нæ бамбæрстай, мæ хæлар, мæ ныхæстæ. Адæймаг Хуы- цауы рафæлдыст кæд у, уæд хъуамæ барнджындæр куыд уа йæ Рафæлдисæгæй? Фæлæ Хуыцауы фæндæй у уæгъдибар. Хуыцау ын радта æвзарыны бар. Уымæ гæсгæ Хуыцау аргъ кæны, цы радта, уымæн. Нæ бырсы тыххæй-фыдæй адæймаджы зæрдæмæ, дæлимон йæ бæттæнтæ куыд тоны, исты мадзалæй зæрдæйы фæкуыси уæвынмæ, афтæ. Хуыцау зæрдæмæ бахизы, адæймаг ын бар йæхæдæг куы радта, уæд. Кæд байгом кæнай дæ зæрдæ, уæд дæм бахиздзæн, нæ байгом кæнай, уæд та нæ. Хуыцау архайы æрмæстдæр уарзондзинадæй, уымæн æмæ у уарзондзинад. Адæймагмæ дæр æнхъæлмæ кæсы æрмæст уар- зондзинадмæ, æндæр ницæмæ. „Лæгдыхæй уарзæн нæй" - зæгъы уырыссаг æмбисонд. Хуыцауы бон у, фæлæ Йæ нæ фæнды, стæй нæ бацæудзæн адæймаджы бæрны, цалынмæ Йыл адæймаг нæ баууæнда, уæдмæ. Бафæлвар ма, æмæ дæ бауырндзæн, æцæг афтæ кæй у, уый. Хуыцауы бон нæу адæймаджы фервæзын кæнын, адæймагæн йæхи куынæ фæнда, уæд. Стæй йæ дæлимон дæр нæ афæливдзæн, адæймаг йæхæдæг куынæ бакома, уæд. Ирвæзт та æрмæстдæр уый уыдзæн, йæхæдæг йæхи зæрдæйы фæндонæй Чырыстимæ йæ къухтæ чи бадаргъ кæна. 140
ЧЫРЫСТИ ЦÆМÆН РАВЗÆРСТА УÆДÆ ИУДÆЙЫ „...Мæ бон æппындæр бамбарын нæу, Чырысти Иудæйы цæмæн равзæрста, уыцы Искариоты Йæ 12 ахуыргæнинаджы нымæцмæТ Уæлæуыл цæрджытæй никæйы бон у бамбарын, Чырысти Иудæйы цæмæн равзæрста, уый. Йесойæн Йæ зонд æнæуи зæххон адæймаджы зонды хуызæн нæу (Ин. 8:12), Йæ зæрдæ йе ’нкъарæнтæ дæр не сты адæймаджы хуызæн (Лук. 9:55). Йæ тыхджын уарзондзинад Чырыстийы æрхизын кодта уæларвон цытджын бынатæй зæхмæ, адæммæ æмæ Йæ балæууын кодта Голгофы. Адæймагмæ цы уарзондзинад дары, уый фæрцы фæрæзта гадзрахатæйцæуæгмæ кæсын Йæ хæлæртты æхсæн. Æз не ’мбарын, Чырысти мæн цæй тыххæй бауарзта æмæ мæ Йæ Фæдон цæмæн скодта? Æз æппындæр ницæмæй хуыздæр уыд- тæн Иудæйæ. Хуыцау никуы бауадздзæн тæригъæдджыны фесафын, йæ тæригъæдтыл фæфæсмон кæныны фадат ын куынæ радта, уæд. Ахæм фадат радта Иудæйæн нæ Уæларвон Фыд. Уæдæ уæд алы адæймаг дæр æмбаргæ-æмбарын барвæндонæй тæригъæды бадгæйæ хинæй цæуы Чырыстийыл йæхæдæг йæхимидæг. Ахæм адæймаг цæмæй хуыздæр у Искариотаг Иудæйæ. Иудæйыл худгæйæ, хæрам зæрдæ йæм бадаргæйæ, алчи уæд йæхæдæг йæхиуыл худы. Иудæйæн йæ зæрдæ йæхиуыл фæхудти æмæ йæхи бафхæрдта. Уый бирæ стырдæр хъуыддаг у, XX æнусы „Иудæтæ" цы митæ кæнынц, уыдонæй, Йæ фыдгой кæнынц, хахуыртæ дзы дзурынц, козбау ныхæстæ кæнынц, фæлæ сæхимæ нæ кæсынц, сæ бирæ æлгъыстаг хъуыддæгтæм, цыма Иудæйæ хуыздæр сты! „ÆВИРХЪАУ ХАБÆРТТÆ" „...Библийы æнахуыр æбуалгъы хабæрттæ ис. Мæ сæры æппын- дæр нæ цæуынц. Дзырдæн æрхæссæм мæнæ уый: диссаджы „фæл- мæн" адæймаг Мойсей бавдæлд æмæ бар радта мадиамитаг нæл- 141
гоймæгты (æмæ сывæллæтты) ныццæгъдынæн. Ау, уый фæстæ ма дæ бон афтæ зæгъын куыду, Мойсей Хуыцауы уарзон адæймагу?" Æз цыбырæй зæгъдзынæн, уыцы хабар Библийы куыдæй æвдисынц, уый тыххæй: „Мойсей у Хуыцауы уарзон адæймаг (Втор. 33:1) æмæ зæххыл цыдæриддæр адæм цæры, уыдонæй сеппæтæй „фæлмæнзæрдæдæр" (Чис. 12:3). Ды та дис ма кæн, диссаг дæм цы фæкасти, ууыл. Уымæн æмæ Мойсей йæхи фæндонæй нæ бакодта уыцы æбуалгъы хъуыддаг. Уынаффæ бакодта Хуыцау мæнæ афтæ зæгъгæйæ: мадиамтæй маст сис (Чис. 3:1). Цæй тыххæй? Уый тыххæй æмæ уыдон моавитæгтимæ æмзонд-æмвæндæй сыстадысты Хуыцауы уарзон адæм - Израи- лы ныхмæ. Дис кæнын та ам уымæн нæ хъæуы. Ханаанмæ израиль цы фæндагыл цыдысты, уым цæрæг адæмтæн баззад сæ бирæ тæри- гъæдты кой куыд чырыстæттæн Хуыцауы Паддзахадмæ фæн- дагыл. Тæригъæд та ныббарæн нæй. Стæй ма дзы уый дæр ис, æмæ уыцы адæмтæ зыдтой æрмæстдæр тых, тыхы фæрцы арæзтой сæ хъуыддæгтæ. Кувгæ та кодтой алыхуызон гуы- мирытæн æмæ кæмæн куыд æнтыст, афтæ алы мадзæлттæй сæхирдæм сайдтой израилæгты. Ноджы ма дзы уый ис, æмæ сæм удмидæг Хуыцау нымады дæр нæ уыд, Хуыцау дæр сæ афтæ Йæхæдæг дæр нæ уыдта æмæ Йæ нæ фæндыд адæмыл сæ ныма- йын, израилы къухмæ сæ радта, афтæмæй. Сæ уагæй, сæ митæй смæсты кодтой Мойсейы дæр, куыд адæймаг. Уæвгæ та „Валаамы фæндонмæ гæсгæ израилæгтæн æфсон фæци уыдоны аххосæй Хуыцауыл сæхи атигъ кæнынæн" (Чис. 31:16). Уыцы цау фыст æрцыд (Чис. 25:1,2). Уым афтæ фыст ис: „Æмæ царди Израиль Сеттимы, æмæ райдыдтой хæтын Моавы чызджытимæ, æмæ хуыдтой адæмы сæ кувинæгтæм æмæ сын хордтой адæм сæ нывæндтæ æмæ сын куывтой сæ хуыцæуттæн". Ноджы ма рохгæнинаг нæу уый дæр, æмæ Мойсей фæнæмын кодта канд моавитæгты нæ, фæлæ Израилы фæси- вæды дæр. Муртаттæ бынтондæр куы фехæлдысты, баиргъæвæн сæ куынæ уал уыд, уæд Хуыцау израилæгтæй спайда кодта куыд 142
æфхæрæн мадзал. Израиль куы фехæлд хæтынæй, уæд та сæ баф- хæрынæн спайда кодта æмæ ноджыдæр пайда кæны иннæ адæмтæй (Иез. 30:24). Уыцы æгады миты аххосæй Хуыцау фыц- цаг хъæддаг адæмыл рауагъта хъаймæт æмæ сæ бындзагъд ныккодта. Содомы, Гоморы æмæ уыдоны алфамблай горæтты цæрджытæ фæцагъды сты уыцы æгады тæригъæды аххосæй (Быт. 19:13). Мойсей нæлгоймаг фæлтæры фæцагъды кæныныл уымæн бацархайдта, цæмæй худинаггæнæг адæм сæ къахыл мауал слæууой, ма уал рæза сæ нымæц. Тæригъæды уидаг срæмудзын хъæуы йæ бындзарæй, - йæ размæ сæвæрдта ахæм хæс. Гъе уыдæттæ хынцгæйæ, никæйы бон у Мойсейы базылын кæнын, азымы йæ бадарын, моралон æгъдауæй дæр æмæ алы хуызы дæр, хæлд моавитæгты кæй ныццæгъдын кодта, Израилæгты бахъахъхъæныны сæраппонд, уый тыххæй. Рагон Фæдзæхсты бирæ зынæмбарæн хабæрттæ ис, æмæ сыл æууæндын хъæуы, зæрдыл мæнæ ацы хъуыддаг даргæйæ: Хуы- цаумæ æппæт бартæ дæр ис. Уый - Царды æлдар у, дун-дунейы Хицау æмæ Йæ бон у цыдæриддæр бакæнын æгас дун-дунейы. САГЪÆССАГ ХЪУЫДДАГ „..Æппæтæй фылдæр мæн сагъæсы æфтауы аргъуаны хъуыддаг. Цыхуызæн аргъуантæ нæм нал ис! Æмæ сеппæт дæр сæхи ны- майынц æцæг дингæнæг аргъуантыл. Уæдæ уæд цæуылнæ у сæ бон баиууæвын?" Аргъуаны фарста тынг ахсджиаг у, уый æмбарын, бæргæ, кæд теолог нæ дæн, ома, дины специалист, уæддæр. Æрмæст бæлвырд зонын æппæт теологийæ иунæг хъуыды: „Чырысти амарди мæн тыххæй дæр". Фæлæ Хуыцауы Фыстæджы æххуы- сæй бафæлвардзынæн дæ фарстæн дзуапп радтын. Незаманты таурæгътæй нæм куыд æрхæццæ, афтæмæй Ар- гъуаны хуыдтой Чырыстийы сурæт, хицæн уæнгтæй (Кор. 1:24). Аргъуан - организаци нæу, фæлæ организм (Еф. 1:22. Кор. 1:18). 143
Арæзт та у, Чырысти Йæ тугæй кæй балхæдта, уыцы удтæй (Ап.хъ. 20:28). Чырыстийы аргъуан у иу æнæхъæн буар, æнæди- хон æмæ æнаипп йæ фæзындæй фæстæмæ, Кæрдæгхæссæн (Пя- тидесятницæ) кæй хонынц, уыцы бонæй абонмæ кувы Чырысти- йæн. Кæддæридцæр царди, цæры, æнустæм цæрдзæн, Чырыс- тийы фарныл заргæ, кæд æй хъыгдардтой, æфхæрдтой, уæддæр. Аргъуанæн йæ бындур у Чырысти. Уый Йæхæдæг загъта: „Сараздзынæн аргъуан, МÆХИ аргъуан". Фæлæ йæ бындурæвæ- рæг Пётр куы уыдаид, бирæтæ куыд æнхъæл сты, афтæ, уæд афонмæ раджы фехæлдаид. Чырысти та бафæрæзта æбуалгъы хъизæмæрттæн, стæй ма бафæраздзæн, цы æвирхъау фыдбы- лызтæ йæм кæсы, уыдонæн дæр. Фæуæлахиз уыдзæн Йæ ныхмæ хæцæг сау тыхтыл. Чырыстийы Аргъуанмæ дæ тыххæй ничи баласдзæн нæдæр митрополит, нæдæр евангелист, нæдæр карди- нал, нæдæр папæ. „Хуыцау раздахы аргъуанмæ, кæй ирвæзын кæны, уыдоны (Ап.хъ. 2:47). Уый у адæймаджы нæ, фæлæ Хуы- цауы хæс. Дæлимон та бынтон дзæгъæлы архайы дингæнæг адæ- мы дих кæныныл, хицæн къордтæ æмæ хицæн чыртыл. Уый уæлæрвтæм нæ хъусы. Хуыцау зоны Йæхионты, уыдон дæр зонынц сæ Фиййауы. Сыгъдæг Уд алырдæм ахуыр нæ кæны- иуты иуырдæм, иннæты, иннæрдæм, иу Аргъуанæн кæд сæ зылды мидæг цалдæр хайады фæкусы, уæддæр. Чырыстийы Ар- гъуан у сыгъдæг кувæндон, зæды бадæн, аргъуыд донæй æхсад. Фæлæ уæддæр зæххыл нæй бынтон æнаипп аргъуан. Цæстмæ- мигæнджытæ бынæтты мидæг арæх фæзыны, зæрдæйæ нæ, фæлæ былтæй чи кувы, ахæмтæ. Уыдонæй цух у Чырыстийы æцæг аргъуан, мæнг митæгæнæг дзы не ссардзынæ, уымæн æмæ йæ дуаргæс у Хуыцау Йæхæдæг. Уæдæ цы бакæнын хъæуы, ахæм аргъуаны уæнг суæвыны тыххæй? „Æрфæсмон кæн дæ галиу митыл æмæ дæхиуыл дзуар бафтау Йесойæн лæгъстæмæ, цæмæй дын ныббара æмæ æнæ тæригъæдæй, сыгъдæг цæсгомæй цæуай Чырыстийы аргъуанмæ. Чырыстон дин цæмæн æрцыд ахæм æдзæллаг уавæрмæ? Уымæн æмæ аргъуаны уæнгтæм райсыны сæйраг æгъдау æх- хæстгонд нæ цæуы. Алы ран бынæттон аргъуанты цы цæхæр хъуамæ судза, уымæй ма баззади æрмæст фæздæг. Фæздæджы 144
та, уæхæдæг зонут, улæфæн нæй. Бæстæтыл зилæг алы рæтты къордгай, чыргай кусæг Чырыстийы Аргъуан æмбырдгонд æрцæудзæн Йесойæн Йæхи хъарутæй зæхмæ ногæй Йе ’рцыды бон(1Фес. 4:14-17). Аргъуан у æппæт дзыллæйы кады аккаг, ис ын йæхи стыр цыт æмæ намыс, фæлæ уый тыххæй æппæты ахсджиагдæр кæронбæттæн ныхасы бар хауы аргъуанæн аргъгæнæг Библимæ. Аргъуаны ахуырад хъуамæ арæзт цæуа Хуыцауы Ныхасы бын- дурыл, науæд уый нæ уыдзæн æцæг сыгъдæг ахуырад (Откр. 22:18,19). ЦÆЙ ТЫХХÆЙ ХЪИЗÆМАР КÆНЫНЦ СЫВÆЛЛÆТТÆ? „...Базонын мæ фæнды, цæй тыххæй хъизæмар кæнынц сывæл- лæттæ та, æнæтæригъæд уæегæйæГ Дæ фарстæн дзуапп ссардзынæ чиныг Исходы: 20:5,6. Хуы- цау рауагъта ахæм закъон дæр æмæ сæ ныййарджыты тæри- гъæдты азарæй хъизæмар кæнынц сывæллæттæ. Адæймаг уый, æвæццæгæн, растыл нæ нымайы, фæлæ уæвгæ афтæ у. Хуыцау адæймагæн рагагъоммæ æмбарын кæны, йæ тæригъæдты азарæй канд йæхæдæг нæ, фæлæ йæ цот дæр хъизæмар кæй кæндзысты, уый. Сывæллæттæ махæн лæвæрд сты Хуыцауæй æмæ сыл дзуап- пдæттæг, бæрндзинад хæссæг Хуыцауы цæсгомы раз стæм мах нæхæдæг, ныййарджытæ. Адæм ахæм царды уавæртæ аразынц, æмæ дзы тухитæ кæнынц сæхæдæг дæр æмæ сæ цот дæр. Уым Хуыцауы аххосджын фæкæныны ныфс æрцæуы æрмæстдæр æнæфенд, æнахуыргонд адæмтæм. Цæрынæн цыдæриддæр хъæ- уы, уыцы фæрæзтæ, æппæт цардыхостæ нын чи балæвар кодта, уый ма ноджыдæр аххосджын фæкæ. Сæ сывæллæтты хъизæмарыл ныййарджытæ куы тыхсиккой, уæд раджы æрæмбæрстаиккой, раджы аздæхтаиккой се ’ргом Хуыцаумæ æмæ сæм уæд æркастаид исты амонд сæхимæ дæр æмæ сæ цотмæ дæр. Æгас дуне дæр уæд йæ цæсгом аивтаид, йæ 145
хуыз скалдтаид. Фæлæ цалынмæ адæм тæригъæдимæ сæхи æнгом бастæй дарой, галиу митæ уарзой æмæ мæнгарддзинады гуылфæнты цæрой, стæй уыцы æнæхъола хъуыддæгтæй сæхи баиртасыныл нæ ахъуыды кæной, уæдмæ зæххыл арæхæй арæх- дæр уыдзысты алыхуызон хъизæмæрттæ, зæрдæхалæн хъуыд- дæгтæ, æнæвгъау цæстысыг. Æмæ ахæм æрхæндæг уавæрты сывæллæттæ куыд хъуамæ цæуой хъахъхъæд!.. Дæлимон хицауиуæг кæны дунейы, фæлæ дзы адæм нæма схъыг сты, нæма сæ фæнды дардмæ лидзын. Театртæ, кино, алы нуазæндæттæ се ’мыдзаг сты дзыллæйæ. Аргъуанты та бирæ рæтты цъиузмæлæг дæр нæй. Сывæллæттæ фæзмынц сæ ный- йарджыты. Æмæ уымæ гæсгæ ницы диссаг у, куы байрæзынц, куы бахъомыл вæййынц, уæд уыдон дæр сæ мад, сæ фыды фæндæгтыл кæй ацæуынц, уый - бабæллынц парахат цардмæ: кино, тæатр, ресторан, дард балц... æмæ сæм уыцы рæтты гæп- пæввонгæй бады фæлитой дæлимон, кæм сæ асайа, куыд сæ афæлива... Гъе уыдæттыл нæ хъуыды кæнынц хистæр фæлтæртæ, саби- ты не здахынц раст царды фæндагмæ, тæригъæдæй хи бахизы- нмæ, Хуыцауы ном арынмæ, кæд ма исты хуызы фервæзиккой æнæсæрфат зондæй æмæ сыл Хуыцауы арфæ сæмбæлид, уæддæр. ÆНÆ ХЪИЗÆМАРÆЙ ЦЫМÆ ГÆНÆН НÆЙ? „...Дуне зындзинадæй дзаг у, ды та адæмæн Хуыцауы уарзын кæныс. Уæвгæ та Хуыцауы æвæндонæй æппындæр ницы цæуы. Æз Хуыцауы ныхмæ ницы зæгъинаг дæн, ам ис цавæрдæр æнæмбаргæ хъуыддаг. Ау! Дун-дунейы хицау уæвгæйæ, Хуыцауæн Йæ бон нæу адæмы æнæхъизæмарæй æнцад ныууадзын? Хуыцауæн æнæ хъизæмарæй Йæ бон уæвын у, фæлæ æвæц- цæгæн, мах нæхæдæг нæ фæразæм æнæ хъизæмарæй. Иннæр- дыгæй та хабар афтæ у, зæгъæм, Корейы, Венгрийы, Конгойы, Югославийы, Молдовы, Карабахы, Гуырдзыстоны æмæ æндæр рæтты адæм кæрæдзи кæй цæгъдынц, уый Хуыцауы фæнд нæу. 146
Хуыцауæн Йæ бон у тыллæг не ’рзайын кæнын, хус аз скæнын, фæлæ æххормаг - Хуыцауы фæнд нæу, адæм æххормаг баййа- фынц се ’вæрæнтæй кæрæдзийæн хай кæй нæ кæнынц, уый аххосæй. Мæ Беседæты æз дзырдтон, адæм хъизæмæрттæ иудадзыг сæ æрдзон тæригъæды тыххæй нæ бавзарынц. Арæх æфхæрд æййафæм нæхи тæригъæдты тыххæй. Куырмæй чи райгуыры, уымæй (Ин. 9), Чырысти раргом кодта, адæймаг хъизæмар иудадзыг йæ тæригъæды аххосæй кæй нæ баййафы. „Чи ратæ- ригъæд кодта, сывæллон куырмæй кæй аххосæй райгуырд?" - бафарстой Чырыстийы Йæ ахуыргæнинæгтæ: „Ничи! - дзуапп радта Уæларвон Ахуыргæнæг, - фæлæ йыл Хуыцауы хъуыддæг- тæ цæмæй фæзыной, уый тыххæй", - бафтыдта ма Йæ дзуаппыл æмæ уайтагъд адзæбæх кодта куырмы. Чырысти зæрдæ не ’вæрдта чырыстæттæн сойæ сæрст фæн- дагæй. „Мæн фыдæвзарæнтæ сымах дæр сурдзысты". „Дунейы уын уыдзæн уынгæгдзинæдтæ, фæлæ хъæбæр лæуут: Æз басастон дуне", - загъта Чырысти (Ин. 16). Уæдæ цæмæн уадзы Хуыцау адæмæн фыдæвзарæнтæ æвза- рын? Ацы фарстæн алы хъуыддаджы иухуызон дзуапп радтæн нæй. „Ныртæккæ цы кусын, уый ды нæ зоныс, фæстæдæр æй бамбардзынæ", - загъта Чырысти (Ин. 13). Дунейы мидæг нæй æнæнысан хъизæмæрттæ. „Æнæнысан" сты æрмæстдæр æнæуыр- нæгæн. „Фæлæ Хуыцауы чи уарзы, ... уыдонæн алцы дæр у сæ пайдайæн", - амоны Фыстæг. Хъизæмæрттæ дæр сты пайдайæн. Сымахмæ гæсгæ, цыма уый æнæмбæрст у, фæлæ уый афтæ нæу. Хуыцауы Ныхас абарæн ис дзæбугимæ, дур чи асæтты, уыимæ, кæнæ та дыууæрдыгæй цыргъ комджын цирхъимæ. Фæлæ ахæм „фæрæзтæй" дæр хатгай не ’рфæлмæн кæндзынæ адæймаджы хъæбæр хъал зæрдæ. Гъе, уæд æххуысмæ фæзынынц фыдæвзарæнтæ. Æмæ феххуыс вæййынц. Зындзинæдтæ равди- сынц, мах чи стæм, уый. Нæ уырнындзинад фæлтæрд цæуы æмæ сфидар вæййы зындзинæдтæй. Æнæ дымгæйы уддзæф хур бон Сан-Францискойы дон- бакалæны былгæрæттæй рæссугъддæр ма лæг цы фендзæн!.. Фæлæ дымгæ куы ныффутт ласы, уæд дон уайтагъд асаумлазон 147
вæййы, уылæнтæ фынк акалынц, доны бынæй æлыг æмæ алы чъизитæ хæрдмæ скæлынц. Махæй алкæмæ дæр уый хуызæн цыдæр æмбæхст ис йæ „дæлдоны", йæ зæрдæйы рæбын. Хуыцау бауадзы зындзинæдтæ, цæмæй нын равдиса нæ зæрдæ, сразæн- гард нæ кæна нæ тæригъæдтæ асыгъдæг кæнынмæ, æрсабыр уæвынмæ. Æмæ уырнæг адæм сæ хъизæмæртты руаджы асы- гъдæг вæййынц. „Мæнгард адæм та, абухгæ денджызау, хæрдмæ хауынц, нæ сæттынц æмæ цъыфкалæн кæнынц. Нæй æрсабыр уæвæн гæдывад адæмæн", - зæгъы Хуыцау (Ис. 57:20). Нæ амонд у, æмæ зындзинæдтæ æвзарæм зæххыл, цæмæй афойнадыл сраст уæм. Уæлæрвты нын нал уыдзæн уыцы фадат. Хуыцау хыгъд нæ дæтты махæн Йæ хъуыддæгты. Хуыцау у уар- зондзинад æппæт хъуыддæгты, кæд адæм арæх уый не ’мбарынц, уæддæр. Мæ кæронбæттæн ныхасы мæ фæнды Давиды дзырд æрæмысын: „Мæ хъизæмæртты разæй æз рæдыдтæн, ныр та Дæ Дзырд æххæст кæнын... Хуыцауæй разы, зындзинад кæй бавзæр- стон... уый фæрцы сахуыр дæн Дæ уагæвæрдтыл" (Пс. 118). ЦÆМÆН АФТÆ РАУАЙЫ? „...Хæрз æрæджы ус ракуырдта мæ кæстæр фырт. Æз баззад- тæн ме ’фсинимæ. Куыннæ мын у æнкъард, мысын мæ хъæбулы. Афтæмæй тынг æнхъæлмæ кæсын дæ Беседæтæм, уæдæ мæхи цæуыл аирхæфсон! Сыхаг мын ис, хорз лæджы каст бæргæ кæны, фæлæ аназын уарзы. Æмæ йын куыддæр Евангелийы кой скæнæм, афтæ лидзæг фæвæййы. Æмæ дæ уымæй фæрсын - цæмæн афтæ рауайыГ Уырны мæ, дæ сыхаг зæрдæхæлар лæг кæй у, уый. Фæлæ бахауди тæригъæды уацары. Тæригъæд та рухсдзинадæй тæрсгæ кæны. Æмæ Евангелийæ дæр уымæн лидзы дæрдты, йæхи талынг къуыммæ. Бакæнын æй, æвæдза, иннæрдæм хъуыд: йæ зæрдæ рухсмæ байгом кæнын, Хуыцауы рухсмæ. Чырысти Йæхицæй афтæ загъта: „Æз Дæн Рухс дунейæн". Æмæ дæ сыхаг уыцы рухсы тынтæ йæ зæрдæйы талынг къуымтæм куы ба- 148
уагътаид, уæд, æвæдза, цас æмбæхст чъизитæ рацыдаид уыр- дыгæй æддæмæ. Бæллæх уый у, æмæ адæм сахуыр вæййынц алыхуызон тæригъæдтимæ æмæ æнæхайыры уаргъ се ’ккойы хæссынц тых- хæй, фæллайынц, афтæмæй. Фæлæ сын фадат куы фæдæттынц сæ уаргъ аппарынæн, уæд та дзы лидзгæ кæнынц. Чидæртæ фæзæгъынц, ахæстоныл сахуыр стæм, зæгъгæ. Æнæмæнг зын баххуыс гæнæн у ахæмтæн. Кæд æууæндыс, кувыны цас тых ис, ууыл, уæд кув дæ сыхаджы тыххæй, дæ цæст æм дар, зæрдæйæ йæ уарз, æндæр дын цы гæнæн ис. Иттæг ахсджиаг у, цæмæй дыл йæхæдæг æууæнда. Чи зоны, Чырысти йын фæахъаз уыдзæн дæ кувыны руаджы. Дæ сыхаджы хуызæттæ бирæ ис нæ царды. ДÆСÆМ ХАЙЫ ТЫХХÆЙ „...Хуыцау- нæ Рафæлдисæг у, дун-дунейы хицау. Æмæ Йæ къу- хы цы нæ ис! Сызгъæрин зæгъай, æвзист. Уæд аргъуанты цæмæн дзурынц адæмæн, де ’фтиаджы дæсæм хай Хуыцауæн дæтгæ у, зæгъгæ?" Раст у. Æппæт дун-дунейы Хицау уæвгæйæ, Хуыцауы нæ хъæуы нæдæр дæсæм, нæдæр фæндзæм хай дæ мыздæй. Мысай- нæгтæ та Хуыцауы дзыппмæ, миййаг, нæ цæуынц, фæлæ сæ хардз кæнынц Евангелийы хъуыддæгтыл, фыццагдæр, мысайнаг чи дæтты уыцы адæмæн сæхи пайдайæн. Ахæм æгъдау Хуыцау æнæ уынгæ, æнæ зонгæ нæу æмæ Йæ Фыстæджы дæр уымæн афтæ амынд ис: „чидæриддæр дæ, дæ мысайнаг бахæс дæхи зæрдæйы фæндонæй, хъыггæнгæ нæ, искæйы æфсæрмæй нæ, уымæн æмæ барвæндонæй дæттæджы уарзы Хуыцау" (2Кор. 9:7). Рагон Фæ- дзæхсты фыст ис: Хуыцауы хъуыддæгтæн ахъаз кæныны тыххæй кувæг адæм мысайнагæн лæвæрдтой сæ æфтиаджы дæсæм хай. Дунейы евангелизацийы хъуыддаг абоны дуджы чырыстæт- ты æвæстиат хæс кæй у, уымæ гæсгæ уыцы барвæндон мысайнаг дæсæм хай уа, æви фылдæр, у фæрнæйдзаг лæвар адæмæн. 149
Мысайнаг чи дæтты, уыдонæй иунæг адæймаг дæр нæма фæмæ- гуыр. Мысайнаг радтæм иу къухæй, иннæ къухæй райсæм пайда, рагон æмбисондау: раттаджы къух райсаг у. Йæ мысайнагæй чырыстон лæг æвдисы йæ арфæ Хуыцауæн, нæ Уæларвон Фыды цас уарзы, уый. ТИТУЛТЫ ТЫХХÆЙ „...Евангелийы æз не ссардтон, нæ аргъуанты кусджыты цы бæрзонд намысы нæмттæй хонынц, иу ахæм титул дæр. Кæд, куыд æмæ цæмæн фæзындысты аргъуаны царды уыцы æнахуыр бæрзонд титултæ?" Чырыстон дины историйы фыццаг æнусты уыдоны кой уæвгæ дæр нæ уыд. Зæрдыл тынг дзæбæх лæууыдысты Чырысти- йы ныхæстæ: „Уе ’ппæт дæр стут - æфсымæртæ". Чырыстон дин чи райста, уыдон райдианты æнæмæнг истой донæй аргъуыд æмæ алы рæтты хъусын кодтой ирвæзындзинады уацхъуыд, цалынмæ Чырыстийы апостолтæ Йерусалим нæма ныууагътой, уæдмæ (Ап.хъ. 8:11). Æмæ дзы-иу кæд искæцыран цалдæр адæймаджы фæзынди аргъуыд чырыстæттæй, уæд-иу нымад æрцыдысты Æмбырдыл. Æмбырд кодтой хæдзæртты, жароба истой, кæрæдзи ахуыр кодтой уарзонæй (Ап.хъ. 20:7). Кæд сæм- иу исчи бафтыд Чырыстийы апостолтæй, уæд сын-иу уый сны- сан кодта хистæры, цæст дарыны тыххæй. ЧЫРЫСТИЙЫ АРГЪУАН КÆМÆЙ АРÆЗТ УЫД, УЫДОН УЫДЫСТЫ ÆМÆ УÆВГÆ ДÆР ХЪУАМÆ УОЙ ÆМХУЫЗОН СÆ БАРТЫ. Аргъуан уыди æмхуызон барты æвдисæн йе ’ппæт уæнгтæн. Чырыстийы ахуыргæнинаг Пётр фыста: „Уæхæдæг, удæгас дуртау, уæхицæй аразут уæ удтæй хæдзар (аргъуан), цæмæй дзы хæссат уды нывæндтæ Хуыцауæн Йесо Чырыстийы фæрцы" (1 Пет. 2:5). Æмбырдæн йæ бон уыд зарын: „Мах чи уар- зы, æмæ нæ тæригъæдтæй чи асыгъдæг кодта, нæ Хуыцауы, нæ Фыды кадæн мах паддзæхтæ æмæ сауджынтæ чи скодта, Уымæн кад æнустæм! Оммен. (Откр. 1:6). 150
Зындгонд у, чырыстон аргъуан куы рапарахат кодта йæ куыст, уæд дзы бахъуыди пресвитертæ æмæ епископтæ. Уыдон уыдысты хистæр æфсымæртæ, æнæ титул, æнæ исты „æнахуыр номхæссæг" архайджытæ. Æнахуыр бæрзонд нæмттæй кæй хо- нынц, уыдон та сæхæдæг радтæнт дзуапп, чырыстон дины ахæм бæрзонд титултæ кæцæй фæзындысты, уый тыххæй. Чырыстон аргъуаны кусджытæ нысангонд нæ цæуынц, фæлæ цæуынц æвзæрст. Æвзæрст кусæг та у æрмæстдæр æфсымæр, æп- пæт иннæты æмхуызон, æндæр ничи. Нæдæр Хуыцау, Йæхæдæг, нæдæр Чырыстийы ахуыргæнинæгтæ аргъуаны кусджытæн æнахуыр исты нæмттæ æмæ титултæ нæ лæвæрдтой. Чырыстийы ахуыргæнинæгтæ Павел, Пётр æмæ иннæтæ уарзтой сæхи „Йесо Чырыстийы цагъайрæгтæ" хонын. Чырыстийы уды мидæг та неппæт дæр стæм æрмæст æфсымæртæ. КÆД РАЙГУЫРД ЧЫРЫСТИ? „...Кæд æмæ дæ Чырысти уырны, уæд хъуамæ зонай, кæд рай- гуырд бæлвырд, уый. Дингæнджытæй алчи алыхуызон цæмæн ны- майы Йесойы райгуырды æмгъуыд?" - Ничи зоны бæлвырд Йесо Чырыстийы райгуырæн бон. Хуы- цау æй басусæг кодта адæмæй. Мах хъæуы, Йæ райгуырды æмгъуыд нæ, фæлæ, Йæ ахуырады мидис. Йæ райгуырды бон 25 декабры бæрæг кæнын райдыдтой 4-æм æнусы. Æвæццæгæн уыцы бон схуыдтой Йæ райгуырæн бон муртатты бæрæгбон куы уыд хур сæрдырдæм хуссарæй цæгатырдæм рахæтыны кадæн, уæд чырыстæттæ та цин кодтой царды Рæстдзинады Хуры ска- стыл. Уый Чырыстийы бирæ нæмттæй у иу. Иерусалимы алфамблай быдырты фысты дзугтæ фæхизынц декабры кæрон. Адæмы нымæц та кæддæриддæр нымадтой хорæфснайæнты фæстæ, цалынмæ зымæгон уарынтæ нæма рай- дайынц, уæдмæ. Гъе, уыцы рæстæг æййафы декабры. Фæлæ, куы зæгъын, мах тынг æхсызгон ницæмæн хъæуы, бæлвырд бæлвыр- дæй Чырысти кæцы аз, кæцы бон райгуырд, уый. Мах хъæуы, 151
адæмы сæ тæригъæдтæй фервæзын кæнынмæ кæй райгуырд Йесо, уый (Мф. 1:21). Дзæгъæл быцæутæ ницы пайда сты уыцы фарстайы. СТЫР ФАРСТ „ЦÆМÆН"? „...Бакастæн дын дæ чыныг „Ахæм дзуапп дæтты Библи", зæгъгæ, фæлæ дзы дзуапп не ссардтон æппæты стырдæр фарстæн, йæ базонын та мæ тынг фæнды: Хуыцау хæстæг цæмæн æрба- уагъта дæлимоны æмæ йын цæмæн дæтты адæмы фæливыны бар? Хуыцауæн Йæ бон нæу нæ фæндагæй йæ иуварс асхойын?" Йæ бон у æнæмæнг. Стæй кæнгæ дæр афтæ бакæндзæн: иу байбын æрхы йæ цæппардзæн æмæ йæ уым фæдардзæн 1000 азы (Откр. 20:1-3), цалынмæ бынтондæр фесæфа, уæдмæ. Ныр уал ын Хуыцау бар дæтты йæ кæнон кæнынæн, мах, ома уырнæг адæмы бафæлварыны тыххæй: фæнды нæ уыцы фæлитойы ных- мæ хъæддыхæй æрлæууын, æви нæ? Фæнды нæ Йесо Чырыстийы фæдзæхст хъахъхъæнын, æви нæ? Хуыцауы фæнды, цæмæй нæ хъысмæт иудадзыгдæр уа Уымæй аразгæ, æмæ цæмæй аргъ кæнæм Йе ’стырдзинадæн. Чырысти загъта (стæй йæ нæхи цардæй дæр зонæм) æнæ Хуыцау махæн нæ бон нæу дæлимоны басæттын. Мах иудадзыг дæр стæм Хуыцауы æххуысхъуаг. Дæлимон куынæ уаид, уæд æппындæр ницæмæй тæрсиккам, ферох нæ уаид Хуыцау æмæ Йæм кувгæ дæр нал кæниккам. Суанг ма дæлимоны раз дæр ферох кæнæм Хуыцауы ном æмæ нæ куыддæриддæр фæнды, афтæ архайæм, цыма Хуыцау æппындæр никуы ис, стæй уæвгæ дæр нæ уыд, афтæ. Фæлæ нæм дæлимон куы фæныхилы, уæд нæ сæр нæ кой свæййы æмæ сдзыназæм Хуыцаумæ (уый дæр, чи Йыл æууæнды, уыдон). Фæкурæм дзы æххуыс æмæ, Хуыцауæн табу, йæ ахъазыл нæ бацауæрды. 152
ЦÆМÆН? ...Дæ Беседæтæй æз бамбæрстон, иу хатт фæфæсмон кæн æмæ ууыл асыгъдæг дæ, ницыуал æфсарм дæ ис, зæгъгæ. Æз та зонын иу ахæмы, йæхи ирвæзт хуыдта, суанг ма иннæтæн дæр динамонæг сси, ныр аргъуанмæ дæр нал цæуы, аныгъуылд йæхи царды хъуыд- дæгты, æнæхуыцау адæймаджы хуызæн, стæй ма ноджы фыддæр. Цæмæн вæййы афтæ? Зæрдиаг фæсмон адæймаджы æркæны Хуыцауимæ иудзинад- мæ, - Чырыстийы нывонды руаджы, йæ тæригъæдтыл йæ къух куы сиса, уæд. Фæлæ фæсмон вæййы кæнæ зæрдиаг, кæнæ та мæнг. Æрмæстдæр зæрдиаг фæсмон дæтты адæймагæн ног зæр- дæ æмæ ног цард. Æнæ фæсмонæй та хатыр нæй. Кæд адæймаг ’знон фæсмон кодта, абон та ногæй уыцы тæригъæдтæ кæны, уæд уыцы фæсмон зæрдиаг нæу, уыцы адæймаг йæхи сайы. Ахæм адæймаг бацæудзæн аргъуанмæ дæр æмæ иннæ ирвæзты- тимæ йæхи уый дæр хондзæн ирвæзт, фæлæ фидæны рабæрæг уыдзæн æцæгдзинад. Æвæццæгæн ахæм хабары тыххæй хъусын кæныс ды дæр. Чырысти кæмæн ныббарста, уыдон архайынц æнæсцухæй цæуыныл, иудадзыг дæр кувынæй сыгъдæг кæнынц сæхи. Фæлæ иннæтæн фæсмон кæнын чи амоны, йæхæдæг та тæригъæдты чи аныгъуылд, уый æнæмæнг бавзардзæн ахъаззаг зындзинад, куы- нæ æрфæсмон кæна, уæд. Фæлæ кæд аргъуанмæ дæр нал цæуы æмæ йæ бар-йæхийæ цæры, стæй ма „ноджы фыддæр" æнæхуы- цау адæймаджы хуызæн, уæд ыл æрцыд рагон æмбисонд „куыдз фæстæмæ йæ уæмдзæг стæры", кæнæ „хуы хæрзæхсадæй цъыфы ратул-батул кæны", зæгъгæ. Афтæ ныффыста Чырыстийы ахуыргæнинаг Пётр (2 Пет. 2:20-22). Хуыцау дзæгъæл хатыртæ никæмæн кæны. Валаам уыди Йæхи пахуымпар æмæ къорд хат- ты Йæ коммæ куынæ бакаст, уæд æй цирхъæй афæлдæхта. Иуда дæр Чырыстийы ахуыргæнинаг уыди, фæлæ зындоны смидæг. Хуыцау æфхæринаг никуы вæййы. 153
ЦÆМÆН НЫХХÆЦЫД ЙÆ ДЗЫХЫЛ ЧЫРЫСТИ? „...Чырысти цæуылнæ радта дзуапп Пилатæн мæнæ ахæм фарстæн: „Цы у ÆцæгадГ Кæсгæйæ афтæ зыны, цыма Чырысти Йæ сæрмæ дзуапп радтын нæ хаста Пилатæн..." Нæ! Чырыстимæ сæрыстырдзинад æмгæрон дæр нæ уыд. Уый нæ, фæлæ, Евангели кæсгæйæ, адæймаг стыр дисы бацæуы Паддзæхты Паддзах, Йесо Чырыстийы бынтон хуымæтæджы уагыл. Æмæ Пилаты цур дæр Йæхи сæрыстыр нæ дардта, фæлæ Йæ кадæн „Йæ бынатæн" куыд æмбæлы, æрмæстдæр афтæ, кæд Пилаты фæндæй æмæ къухæй бæрзондæй ныллæгмæ æрхауд æмæ суанг фыдгæнæджы онг нымад æрцыд, уæддæр. Зын зæгъæн у, „Æцæгад цы у?" зæгъгæ, Пилаты фарстæн Чырысти дзуапп цæуылнæ радта, уый. Чи зоны, уый тыххæй, æмæ Чырысти дзуапп ратта уыцы фарстæн раздæр, адæмæн куы фехъусын кодта, „Æз дæн Æцæгад". Пилаты та, æвæдза, тынг зæрдиагæй куы фæндыдаид йæ фарстæн дзуапп ссарын, уæд æй раджы бауырныдтаид, Чырысти æмæ Йæ цард, Йæ хъуыддæгтæ: Йæ ахуырад, - уыдæттæ Æцæгады æвдисæнтæ кæй сты, уый. Пилат раджы бамбæрстаид, Йесойы дзыхæй гæдыныхас кæй никуы схауди, уый. Уыдæттыл бæлвырд хъуыды гæнгæйæ афтæ зыны, Чырысти нæ уыд сæрыстыр, фæлæ Пилат йæхæдæг, уымæн æмæ Чырыстийы размæ фарст куы æрæвæрдта, уæд дзу- аппмæ дæр нал банхъæлмæ касти, фæлæ аздæхти йæ фыдгæнды хъуыддæгтæм. Æвæццæгæн, æмæ йæ фæндгæ дæр уыййас нæ кодта дзуапп райсын йæ фарстæн. Уæвгæ та Пилатæн йæ бон дæр нæ уыд стæй йæ зонд дæр не ’ххæссыд Æцæгад бамбарыныл. Ахæм хабæрттæ абон дæр арæх æрцæуы. Æцæгад зæрдиагæй бамбарын кæй фæнды, уый йæ ссардзæн Чырыстимæ. Афтæ „омайы" тыххæй базонын кæй фæнда, уымæн та Чырысти ницы дзуапп ратдзæн, Йæ дзыхыл ныххæцдзæн. 154
ЦÆМÆН? „...Бамбарын мын кæн, дæ хорзæхæй, дзырд „Библи" кæцæй рацæугæу. Хуыцауы Сыгъдæг Фыстæг Библи цæмæн хуыйны? „Библи" у грекъаг дзырд „библос" кæнæ „библион". Грекъа- гау уый амоны чиныг. Грекъæгтæ сæхæдæг чиныджы хуыдтой „библиос", уымæн æмæ рагон заманты чингуытæ иууылдæр фыст цыдысты папирусыл, уый дæр хуыдтой „библиос". Гъе, афтæ равзæрди Хуыцауы Сыгъдæг Фыстæджы ном-Библи. СЫГЪДÆГ ЦÆСТЫТЫ ТЫХХÆЙ „..Æз æнæ зонгæ нæ дæн - искæуыл худын аив нæу. Фæлæ цымæ иуæй-иутæ сæ цæстытæ цæмæн æмбæхсынц, комкоммæ никæмæ бакæсдзысты". Бафæлвардзынæн дæ фарстæн дзуапп радтын, кæд ын бæлвырдцæр дзуапп дохтыр кæнæ психолог радтид, уæддæр. Иуæй-иутæн вæййы æрттивгæ сыгъдæг цæстытæ, арвы цъæ- хы хуызæн. Бакæс сæм, уæд фенхъæл уыдзынæ, йæ зæрдæйы рухс йæ цæстытæй кæсы. Фæлæ ис æндæр хуызы адæмтæ дæр: фæллад, æгъуыз цæстытæ кæмæн ис. Ахæмтæ арæхдæр фæкæ- сынц зæхмæ, кæнæ иувæрсты, комкоммæ - никæмæ. Уыдон разы ницæмæй сты, цыма æппæт дæр сæ ныхмæ арæзт у, сæ зонд никæимæ иу кæны. Кæд, миййаг, уыдонæй у дæ зонгæ, ком- коммæ искæмæ бакæсын чи нæ фæразы, уый? Зæрдæйæ Хуыцауимæ баст чи у, уыдоны базонæн ис сæ цæстытæй. Уый тыххæй та дæхи цæстытæ хъуамæ уой сыгъдæг. Чырысти, афтæ загъта: „Раздæр уал дæхи цæстæй къала-бæлас сис æмæ уæд фендзынæ, де ’фсымæры цæстæй æрду куыд сисын хъæуы, уый". 155
ХУЫЦАУ АЛКÆЙЫ ДÆР УАРЗЫ „...Мæн дисы æфтауы, Цыппурсæхсæв зæд нæ фæзынд иерусали- маг сауджынтæм, Хуыцауы Фыстæг чи зыдта, уыдонмæ, фæлæ чысыл ахуыргонд, æви бынтон æнахуыргонд æнæфенд фиййæут- тæм. Æмæ фæдызæрдыг дæн, кæд Хуыцау, миййаг, талынг адæм- мæ хæстæгдæр у..." Хуыцау алкæйы дæр хъæуы - ахуыргондæй æнахуыргондæй, се ’ппæты дæр. Чырысти дзуарыл тыгъдæй амарди сеппæты тыххæй æмхуызон, нæ равзæрста ахуыргонд у, æви æнахуыр- гонд, уæлдай Йын дзы ничи уыди. Скæсæйнаг бæстæты куы- рыхон лæгтæ уыдысты амæй-ай стырдæр ахуыргæндтæ сæ заманы, æмæ ацыдысты Ноггуырд паддзахы агурæг æмæ Йын ахастой, хорздзинадæй сæм цы уыд, уыдон: сызгъæрин зæгъай, аргъуаны буд æмæ æндæр хæзнатæ. Хуыцау алкæмæ дæр æнхъæлмæ кæсы коммæгæсдзинадмæ, Йæ фæндыл цæуынмæ, чи цас ахуыргонд у, уымæ нæ кæсгæйæ. Уæларвон зæд иерусалимаг сауджынтæм куы фæзындаид æмæ сын куы загътаид, Давиды горæты адæмы Ирвæзынгæнæг рай- гуырд, уæд, зын зæгъæн у, бафæндыдаид сæ Вифлееммæ ацæуын æмæ сæхи цæстытæй Ноггуырды фенын, æви нæ. Сауджынтæм сæ зæрдæ нæ дзырдта, ирвæзынхъуаг сты, æви нæ, æмæ уыцы „къаннæг горæтгонд" Вифлееммæ ницы хуызы ацыдаиккой. Хуыцау уый хорз зыдта, фиййæутты коммæгæс фæлмæн зæр- дæтæ куыд зыдта, афтæ. Гъе, уый тыххæй байхъуысти фий- йæуттæм Ноггуырды хабар æппæты разæй. Уымæн сæм фæзынд æппæты разæй уæларвон зæд. Фиййæуттæ уайтæккæ абалц код- той æмæ бакуывтой Уæларвон Ноггуырдæн. Сауджынты бон нæ уыди афтæ бакæнын, æмæ уæвгæ дæр нæ бакодтаиккой. Хуыцау пайда кодта, стæй ныр дæр пайда кæны ахуыргонд адæмæй дæр æмæ æнахуыргæндтæй дæр æмхуызон. Йе ’вдисæнтæ - Чырыстийы ахуыргæнинаг Павел, доктор Лука æмæ æндæртæ. 156
ЦÆЙ ТЫХХÆЙ ÆВДЫСТА ЧЫРЫСТИ ДИССÆГТÆ? „...Зындгонду, Чырысти арæзта царциаты диссæгтæ æмæ алæ- мæты æмбисæндтæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ цæуы, цыма уыдæттæ бынтон дзæгъæлы кодта; адæм уæддæр нæ фефсæрмы сты дзуарыл Æй байтындзынмæ. Цæй тыххæйма æвдыстауæд Йæ диссæгтæ?" Чырыстийы архайды æппындæр нæ уыд æнæпайда митæ. Йæ диссæгтæ дзæнгæрæгау зæлланг кодтой алырдæм æмæ сæм æм- бырд кодтой дзыллæтæ. Зæхмæ та Йе ’рцыдæн уыд ахъаззагдæр, стырдæр нысан. Цы диссæгтæ арæзта, уыдон уыдысты уый æвдисæн, æмæ кæй нæу зæххон хуымæтæг адæймаг, фæлæ - уæларвон Хуыцауы Фырт. Æмæ Никодим дзæгъæл хуымæтæ- джы нæ загъта Хуыцауы Фыртæн: „Мах зонæм, Ды Дæ Хуыца- уæй æрвыст Ахуыргæнæг, уымæн æмæ Ды цы алæмæты дис- сæгтæ æвдисыс, уый никæйы бон у, Хуыцау йемæ куынæ уа, уæд" (Ин.3:2). Фæлæ та уый дæр нæ уыд Чырыстийы диссæгты сæйраг нысан. Чырыстийы архайды сæйрагдæр хъуыддаг уыд Хуыцауы ахуырад æмбарын кæнын, диссæгтæ æвдисын нæ, фæлæ. Йæ дис- сæгтæ Чырыстийæн уыдысты адæмы йæхимæ æркæсын кæны- нæн æххуыс, Мессийыл Æй банымайынæн ахъаз, Мессия, ома, адæмæн æнæнхъæлæджы цин чи хæссы, аирвæзыны тыххæй, ахæм Хуыцауыхай. Æмæ Йæ æцæгдæр бирæтæ банымадтой ахæмыл. Фæлæ, æвæдза, диссæгтæ æвдисын Йæ бон нæ баци, нæ Йын бантыст, уæд Æй ничи банымадтаид ирвæзынгæнæг Хуы- цауыхайыл. Æмæ Йæ кæд дзуарыл байтыгътой, уæддæр адæмæй чысыл нæ разынди, Чырыстийыл зæрдæбынæй чи нæ бау- уæндыд; æмæ уыцы æууæнчы тыххæй радтой сæ цард. Йæ диссæгтæ Йын ахъаз уыдысты æцæгдзинад æвдисынæн. Иу куырмы сдзæбæх кæнгæйæ, Чырысти райдыдта хъусын кæнын: „Æз - Рухс дæн дунейæн". Цыбыр дзырдæй Йæ алы дис- саг дæр адæмы зæрдæйæн хаста цин, адæмæн ахъаз уыди Хуы- цауы хъуыды æмæ ахадындзинад бамбарынæн. 157
ЦÆМÆНАФТÆУ? „...Цымæ цæмæн æвæрд у моралъ Америчы, Советон Уæрæсейы куыд у, уымæй дæлдæр? Америкæ чырыстон бæстæ куы у, кæм- дæриддæр дзы аргъуантæ, афтæмæй ма акæсут, цы ми кæнынц, уымæ. Цæй тыххæй цымæ Йæ арм дары Хуыцаууыцы бæстæйыл!?" Хæйрæг паддзахадон арæнтæм нæ кæсы, кæмдæриддæр йæ куыст кæны æнæхъæн зæххы цъарыл. Америкæ у йæ сæйраг фронт, йæ раззагдæр рæнхъ. Цæмæн? Уымæн æмæ амæй фылдæр никуы цæуы Евангели хъусын кæныны куыст. Хæйрæгæн та йæ размæ ис иу хæс - Хуыцауы ныхмæ цæуын, Йæ пълантæ Йын суйтæ кæнын адæймаджы ирвæзыны куысты, цыфæнды мадза- лæй дæр, Чырыстийы æгад кæнын, Йæ рухс Ын аууон кæнын. Уæрæсейы дæр, æвæдза, куыннæ архайы йæ тых-йæ бонæй, фæлæ æндæр мадзæлттæй. Ам пайда кæны дины къуындæгдзи- надæй, дин дзы парахатæй кæй нæ кусы, уыцы фадатæй. Æнæхуыцау хицæутты зонд зыгъуыммæ фæлдахгæйæ, хæй- рæгæн Уæрæсейы йæ къухы бафтыд стыр уæлахизтæ, зондджын стратег, фæлтæрд тактикæн куыд бантыса, раст афтæ. Уæвгæ та зоны, Чырысти уал ын цы тæрхон рахаста, уый тагъд æххæст- гонд æрцæудзæн, бирæ нал баззад йе сæфты бонмæ. Уымæ гæсгæ сси уæлдай æгъатырдæр, уæлдай карздæр æмæ, стонг бирæгъау, фæйнæрдæм лæбуры, кæд æмæ ма йын исты фыддзинæдтæ антысид. Дæумæ гæсгæ Америкæ æнæхъæнæй дæр чырыстон бæстæ у. Æмæ раст зæгъыс. Фæлæ раст у уый дæр, æмæ йæ цæрджытæй 70 милуаны аргъуан дæр нæ зонынц æмæ дин дæр. Афтæмæй сæ раст æмбис сты сывæллæттæ, æнæ Хуыцауæй чи рæзы, уыдон. Иннæ бæстæтæй уым фылдæр ис хицæнгонд къайадтæ, сæ цот та - дзæгъæл. Тыхгæнджытæ, стигъджытæ, марджыты нымæцæн кæрон нæй. Фыдгæнды фæндагыл дзы цæуы бонæй бонмæ нæ, фæлæ сахатæй сахатмæ фылдæрæй фылдæр фæсивæд. Æмæ цыфæндыйæ дæр уæддæр Америкæ - арфæйаг бæстæ у! Фæлæ йæ цымæ Хуыцау ахæм амонды хай цæй тыххæй фæкод- та? Уымæн æмæ уыцы алымыггаг æнæхуыцæутты æмрæнхъ уым 158
цæры милуангæйттæ Хуыцауы æцæг хъæбултæй æмæ уыдон æхсæвæй-бонæй кувынц Америчы фарнмæ. Уыдон аргъ кæнын зонынц дины сæрибардзинадæн æмæ æнæгæдыйæ зæрдæбын лæггад кæнынц Хуыцауæн ныхасæй дæр æмæ хъуыдцагæй дæр. Хуыцауы номыл дæттынц мысайнæгтæ. Суанг ма ууыл дзурæг у мæнæ ацы æмдзæвгæ дæр: Йæ цард рæстдзинадыл чи не ’вгъау кæны, Уыцы æнæгæды удты тыххæй Хуыцау дзаджджын хай кæны Æппæт бæстæн Йæ уæларвон бæркæдтæй. Æмæ бирæ рæстæг уыдзæн цымæ афтæ? Бирæ рæстæг ма сын уадздзæн цымæ Хуыцау „сой сæ сæрыл?" Мах ын ницы зонæм, фæлæ Билли Грем зæгъы: бирæ нал ахæсдзæн уый. Нæй кæрон Хуыцауы рæдаудзинадæн, фæлæ ис кæрон фæразондзинадæн, быхсынæн. Америкæ сæрибар бæстæ у. Фæлæ ахæм бæстæйы дæр цыбæл адæмтæ, фыдахуыр æмæ тæригъæдуарзджытæ чысыл нæй. Нымæцтæ нæй сæ расыг къупритæн, хæтаг сылтæ æмæ лæгтæн, зыдыкатæ æмæ чъындыгоппытæн! Фыстæг хуымæтæджы нæ зæгъы: „Чырыстийы ахуырады сæрты ЧИДÆРИДДÆР хизы æмæ Йæ коммæ чи нæ кæсы, уымæн нæй Хуыцау" (Ин. 8:31, 32). Уый фæстæ ма ахъуыды кæнут, Америчы цас æмæ цас чыры- стæттæ ис, „Хуыцау кæмæн нæй", ахæмтæ. Уыцы хуызы ма алчи йæхи сбæрæг кæнæд, цымæ кæцытæм хауы, чырыстон уæвгæйæ, „Æнæхуыцау" Уæрæсейы цæрай, æви чырыстон Америчы, уымæ нæ кæсгæйæ, Хуыцауимæ дын кæй нæй иудзинад, Хуыцауы фæндыл кæд нæ цæуыс, уæд макæмæй хъаст кæн, - де сæфт цæттæ у. Коммунизмы бон у дунейы цæсгом ивын, фæлæ йæ бон нæу адæймаджы зæрдæ аивын. Æрмæст Чырыстийы бон у зæрдæйы уаг аивын, куы Йыл æууæндай, уæд. Хуыцау та Йæ куыст кæны кæмдæриддæр æмхуызон, фæнды советон Уæрæсе уæд, фæнды капиталы Америкæ, хъауджыдæр нæу. 159
ХУЫЦАУЫ УЫНАФФÆ ,,..Æз æххæстæй не ’мбарын Аргъауæг Иоанны аргъуыд. Кæцæй райста уый ахæм хъуыды? Стæй цæмæн бахъуыд аргъауын Йесо Чырыстийыл?" Иоанны размæ аргъуыд зыдтой æрмæст есетæ æмæ фарисей- тæ, фæлæ уый сæйраг æгъдауыл нымад нæ уыд. Чи зоны æмæ уыцы хъуыдымæ Иоанн æрцыд сывæллæттыл аргъауыны æгъ- даумæ гæсгæ (сывæллоны-иу аргъуыд доны фæныгъуылын код- той Хуыцауæн лæгъстиагæн, уый израилæгтæм фæзынд фыц- цагдæр). Иоаннæн, куыд цытджын пахуымпарæн Хуыцауæй фæ- дзæхст æрцыд адæммæ расидын Чырысти райсынмæ. Æмæ уыцы заманты адæм зæрдæсаст кæй уыдысты моралон зындзи- нæдтæй, уымæ гæсгæ Иоанны аргъуыд уыди „тæригъæдтыл фæсмоны аргъуыд". Афтæ йæ нымадтой Марк æмæ Лука. Фæлæ йæ æххæст кодтой уæлæнгай хуызы, йæ ахадынæн ницы аргъ кодтой, афтæмæй. Иоанны аргъуыдæн йæ нысан уыд, цæмæй адæмы сцæттæ кæна Чырыстиимæ сæмбæлынмæ (Лук. 1:17). Тæригъæдтыл фæсмон æмæ сæ бахатыр кæныны хъуыддаг та æнæмæнг хъæугæ мадзал уыд саргъауынæн, Иоанны аргъуыд донæй мидæг тæригъæдтæ æмæ чъизитæ расыгъдæг кæнынмæ. Цæмæн бахъуыд уæд Йесойыл аргъауын, кæд æмæ æппын æнæтæригъæд уыд? Аргъаугæйæ: Сыгъдæг Уд Иоаннæн баца- мыдта; „Чырысти - Мессия, Хуыцауы æрвыст Ирвæзынгæнæг кæй у." (Ин. 1:33). Чырысти уыди бынтон æнæтæригъæд, уымæ гæсгæ Израилы ног адæмты æхсæн æнæ аргъуыдæй фыццаг бынат бацахсыны бар хаудта Уымæ. Уыцы фарста тыхсын кодта Иоанны. Æмæ йын Чырысти комкоммæ загъта: „Афтæ нын æмбæлы сæххæст кæнын алкæцы рæстдзинад" (Мф. 3:15). Гъе уый адыл аргъуыд абон дæр у, адæймаджы æрæмысæггаг нæ, фæлæ Хуыцауы æвæрд æгъдау. 160
ТÆРИГЪÆДЫ ТЫХХÆЙ МЫЗД РАЙСЫН ÆМÆ МАСТ ИСЫН ИУ НЕ СТЫ „...Айфыццаг дæ брошюрæйы бакастæн, Хуыцау мæлæт саккаг кодта тæригъæды хыгъдмæ, зæгъгæ. Уæд ма уæдæ зæгъ, кæд æмæ Сыгъдæг Хуыцау мызд дæттæг у, уæд Чырысти цæмæн амыдта, знагæй маст ма исут, зæгъгæ?" „Фыддзинады тыххæй „ивар" æмæ „маст исын" сты бынтон фæинæхуызон хъуыдыйы. Тæригъæды бацæуæг хъуамæ æфхæрд баййафа. Афтæ домы Хуыцау. Тæригъæды тыххæй дзуапп дæт- тын у Хуыцауы арæзт æнæмæнг æххæстгæнгæ закъон. Зæгъæм, Америчы æрыгон фæлтæр бынтон æнæуаг æнæфсарм кæй сты, худинаджы цард кæй кæнынц, уый тыххæй æнæмæнг дзуапп ратдзысты иу заман, æмæ ныр дæр исынц, куыд уынут, афтæ. Адæймаг зæххыл дзуаппдæттæг у йе хъалдзинады, йæ хи- вæнд æмæ гуымиры миты тыххæй. Уый канд ныртæккæйы дугмæ нæ хауы, стæй иугай адæймæгтæм. Ивгъуыд хæсты дуне- йæн цы фыдмитæ бакодта Герман, уыдон ныр дæр фиды. Уæдæ Уæрæсе дæр чысыл хъизæмар нæ федта йæ тæригъæдты тыххæй. Афтæ алкæмæн дæр фидтон уыдзысты йæ галиу митæ, Хуыцауы цæсгомы цур æнæфсармæй цытæ фæкодта, уыдон. Хуыцау ахæм галиу зондыл хæст адæмы цæуылнæ æфхæры æвæстиатæй, цы ракæнынц, уый хæдфæдыл? Уымæн æмæ Хуыцау бирæ фæразæг, æнæкæрон быхсæг æмæ æнхъæлмæ фæкæсы тæри- гъæдджыны фæсмонмæ. Хатгай йæм афтæ фенхъæлмæ кæсы цал- дæргай азтæ, суанг ссæдзгай азтæ дæр, кæд æрæмбарид, зæгъгæ. Маст исын та бынтон æндæр хъуыддаг у. Зæгъæм, кæд æмæ мын ды фыддæрагæн ми бакодтай, уæд дын æй æз дæр уымæй бафиддзынæн, мæ маст дæ сисдзынæн. Фыстæг та афтæ амоны: „уæ маст ма исут, Хуыцауы уарзон адæм уæвгæйæ; фæлæ бар раттут Хуыцауы мастæн (Рим. 12:19). Евангели амоны Чырыс- тийы хуызæн кæрæдзийæн барын: „Уарзут уе ’знæгты дæр, арфæ кæнут уæ балгъитæгæн, йе ’нæуынон кæмæн стут, уымæн дæр æмæ Хуыцаумæ кувут уе ’фхæрджыты, æмæ уæ хæрæмтты тыххæй (Мф. 5:44): Уый у сыгъдæг æнæгæды чырыстон ахуырад. 161
СЫВÆЛЛÆТТЫ ТЫХХÆЙ „...Журнал „Новая Заряйы" æз кастæн П. Маловы балцы ха- бæрттæ Индийы æмæ фыр тæригъæдæй мæ цæссыг æркалд æххор- маг сабиты мæгуырдзинадыл. Цас æмæ цас æнамонд адæм цæры нырма а зæххыл!Ды та фыссыс æмæ фыссыс Хуыцауы уарзондзина- ды тыххæй. Цæмæ гæсгæ уæдæ æртардта уыцы Æппæтхъомыс- джын Хуыцау æгас дунейы ахæм уавæрмæТ Хуыцау нæ, фæлæ адæм сæхæдæг æртардтой æгас дунейы ахæм уавæрмæ. Хуыцау адæмæн дæтты фадат сæ уавæр фæхуыз- дæрæн, фæлæ адæм сæхæдæг ныццæхгæр сты æмæ нæ кæсынц Хуыцауы коммæ. Иутæм æгæртæ æмæ уæлдæйттæ, иннæтæм та къæбæр дæр нæй. - Уым Хуыцау цы аххосджын у? Зындгонд куыд у, афтæмæй алы 5 сабийæ дæр æртæ сты стонг. Уыцы рæстæджы фондз саббийæ та дыууæ фырхæрд кæнынц æмæ уый аххосæй низтæ ссарынц, хæлы сæ зонд, сæ цæстæнгас цардмæ. Мах стæм аххосджын, Хуыцау нæ фæлæ, хойраг нæм фаг кæй нæй, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ кæцыдæртæ цæрынц кадавар- тæй. Мах, ома, адæм нæхæдæг милуантæ басудзæм тамакойыл. Милуангай тоннæтæ мæнæу та „ныхъуырынц" арахъуадзæг заводтæ, утæппæт хойраг стонг сывæллæттæн ауадзыны бæсты. Мингай гектартæ саумæр зæххытыл кæмдæрты тауынц тамако, исты хойраджы мыггаг бакæныны бæсты. Гъе уыдæтты фæстæ ма суанг стыр ахуыргæндтæй дæр ахæмтæ разыны, адæмы мæгуырдзинад Хуыцауы аххос чи кæны, азымы Йæ чи дары, низтæ дæр Уый æфтауы, зæгъгæ. Куыд уынут, афтæмæй стонг сабиты хъуыддаг æнцон алыг- гæнæн у, фæлæ адæмы нæ фæнды Чырыстимæ æрцæуын, уавæр сраст кæныны тыххæй. Æнæ Уый та адæймаджы бон нæу ахæм егъау хъуыддæгтæ иннæрдæм, пайдатырдæм афæлдахын. „Фæлæ сымах нæ фæнды Мæнмæ æрбацæуын, цæмæй уын уа цард", - загъта Чырысти дзуттæгтæн (Ин. 5:40). Уыцы ныхæстæ Йесойы дзыхæй рацыдысты незаманты, фæлæ абоны бонмæ дæр раст афтæ хауынц. 162
МАХ ÆФСЫМÆРТÆ СТÆМ „...Уæрæсейы „æмбал", зæгъгæ, дзураг сты. Уырнæг адæммæ та дзурынц „æфсымæрæй", фæлæ дзы нæдæр æмбал ис, нæдæр æф- сымæр. Кæд суыдзысты уæдæ адæм æцæг æфсымæртæ?" Раст зæгъыс. Дунейы нæй нæдæр æмбалад, нæдæр æфсымæр- дзинад. Стæй уæвгæ дæр нæ уыдысты æмæ нæ уыдзысты. Æцæг æфсымæрдзинад уæд уыдзæн, царды мидæг адæм сæ кæрæдзийæ куы ницæмæй уой хъулон, се ’ппæт дæр æмхуызон куы цæрой сæ барты, кæрæдзи зæрдæхудты куы нæ цæуой, кæрæдзи куы нæ сайой, Хуыцауæн куы кувой æмæ сæ иунæг Ирвæзынгæнæг Йесо Чырыстийы сæ хистæр æфсымæрыл куы нымайой, уæд. Фæлæ искуы хъусут ахæм æфсымæрдзинад? Мæнмæ гæсгæ нæ. Адæмы æхсæн бирæ ис иумæйагæй, фæлæ сæ уый уæддæр æцæг æфсымæртау кæрæдзийыл нæ бæтты... Иумæ æмхуызонæй бавзæрстам хæсты хъизæмæрттæ, иумæ æмбæхстыстæм бомбæ- ты рæмыгъдæй, иумæ хуым кодтам, хос карстам, иумæ бæллы- дыстæм сабыр æнæгæрах цардмæ, нæ хæстонты æрцыдмæ, фæлæ уыдæттæ иууылдæр, æвæццæгæн, фаг не сты æфсымæртæ уæвынæн: уый тыххæй хъæуы неппæтæн иумæйаг нысан, хъæуы кæрæдзиуыл бæттæн мадзæлттæ, хъæуы иу фыд, иу ахуыргæнæг. Æмæ уый кæм ис? Дзуапп нын дæтты Евангели: „Æмæ макæйы хонут уæхицæн фыд а зæххыл, уымæн æмæ нын Иу Фыд ис, Уæлæрвты бадæг, Иу Ахуыргæнæг нын ис - Чырысти, не ппæт дæр стæм æфсымæртæ" (Мф. 23). Бамбардзысты цымæ уый нæ дины раздзæуджытæ, йæхи нæ „Фыд" æмæ нæ „Ахуыргæнæг" чи хоны, уыдон? 1948 азы мæм писмо æрцыд мæ мадызæнæг æфсымæрæй. Аст азы йын зонгæ дæр ницуал кодтон, мард у, æгас у; уый дæр мæнæй афтæ. Æмæ мæм фыста: „Мæ зынаргъ мадызæнæг æфсы- мæр, ме стыр сæрæй æрбадтæн дæумæ мæ хабæрттæ ныффыс- сыныл, фæлæ нæ зонын, ссардзынæн дæ, нæ, ууыл мæ зæрдæ тынг нæ дарын, стæй мæм дæумæ ныффыссынмæ хъару разын- дзæн, уый дæр нæ зонын. Æрмæст базыдтон, уыцы æвирхъау хæсты тымыгъы кæй аирвæзтæ удæгасæй, уый. Мæ цинæн кæрон 163
нæй, мæ зæрдæ мæ риуы нал лæууы! Æрхъуыды кæн, цы уавæры дæн... Дæхæдæг зоныс - иу мадæй гуырд стæм..." Раст у, иу мады туг бирæ зоны. Фæлæ Йесо Чырысти æппæт тæригъæдджынты сæраппонд Голгофы цы туг ныккалдта, уыи- мæ абарæн та цы ис! Уыцы туг æцæгæй дæр баиу кæндзæн, кæрæдзиуыл бабæтдзæн бирæты æмæ сæ скæндзæн æцæг æфсы- мæртæ. Мæнæн ме ’фсымæр уый у, иу Хуыцаумæ кæимæ кувын. Æмæ иумæ кæимæ кувон, уыимæ мæ бон у æнгом цæрын, хæларæй кусын. Уимæ кæддæриддæр бамбардзыстæм кæрæдзи. „Хуыцау æппæт дзыллæйы дæр равзæрын кодта иу тугæй", фæлæ уый æгъгъæд нæу зондахастæй æфсымæртæ уæвынæн. Хъæуы ма сæ иу тугæй æрæхсын дæр, иу Удæй саргъауын дæр. Фыдæл Ада- мæй гуырд æфсымæртæ кæрæдзи хурх аргæвдыныл дæр нæ бацауæрддзысты, Каин Авелæн куыд бакодта, афтæ. Чырыс- тийы уды мидæг æфсымæртæ та цæттæ сты кæрæдзи сæрыл мæрдтæм бацæуыныл. Ахæм æфсымæрдзинадмæ сиды Чырыс- ти. Уый алкæйы дæр хоны нæ Уæларвон Фыды бинонтæм фæс- тæмæ æрбаздæхынмæ. Хуыцауы йæ Фыдыл чи нымайы, уый йе ’фсымæрæн дæр уыдзæн æфсымæр. Кад Хуыцауæн, зæххыл нæма сихсыд æфсымæрдзинады уарзт. Абон дæр ахæм адæм ис не ’хсæн, Хуыцауы фарнæй гуырд адæм. Хъыгдзинæдтæ æрцæуы ахæм адæмты æхсæн дæр, фæлæ Хуы- цауы уарзондзинад фæтых вæййы дæлимоны фæлтæрæнтыл. Æппæт дунейы иумæйаг æфсымæрдзинад уæд фæзындзæн, адæм æмхуызонæй сæ сæртæй куы ’ркувой Чырыстийы къæхты бынмæ, куы Йыл баууæндой зæрдæбынæй. Æмæ ахæм рæстæг æнæмæнг æрцæудзæн. Фыст дæр Хуыцауы Чиныджы уымæн афтæ у: „Хуыцау Æй уый бæрц бæрзонд систа æмæ Йæ схуыдта цавæрфæнды номæй кадджындæр, цæмæй Йе- сойы номы цур æртаса цавæрфæнды зоныг дæр" (Филип. 2,10). ФÆРСЫ КУВÆГ ЛÆГ „..Æнæхуыцау мæ ма фæхон. Æз кувæг дæн, дингæнæг. Æмæ мæм ахæм фарст ис: сымах уырны, Чырысти мæрдтæй райгас, 164
уый, фæлæ уæм ницы бæрæггæнæн ис гъе уый тыххæй. Кæд æмæ æцæграйгас, уæдÆй 2 мин азы дæргъы куыд никуы ничи федтаТ Йæ райгасы фæстæ Чырысти 40 боны Йæхи ’вдыста адæммæ, стæй Йæхи систа Йæ Фыдмæ. Æрцæудзæн рæстæг, æмæ Йæ „фендзæн алы цæст дæр" (Откр. 1:7). Цæмæн уырны мах, евангелистты Чырыстийы райгас? Уый тыххæй æз фыстон мæ чиныджы „Ахæм дзуапп дæтты Библи", зæгъгæ. Æмæ та йæ ногæй зæгъын, Чырыстийы райгасы хабар фыст у æнæдызæрдыг ныхæстæй Библийы. Ууыл та мах æууæн- дæм. Уыцы хабарæн æвдисæн сты Чырыстийæн Йæхи ахуыргæ- нинæгтæ æмæ бирæ æндæртæ, иу заман сеппæты нымæц хæццæ кодта фондз сæдæйы онг. Уырна дæ, ма дæ уырна, уый дæхи хъуыддаг у. Фæлæ дын зæгъын, мæ царды ад æз бамбæрстон æрмæстдæр Чырыстимæ кувгæйæ, Хуыцауы ном аргæйæ. Мард Чырысти мын ницы ахъаз фæуыдаид. Фæлæ уый удæгас у! Архайы Йæ фарнæй. Мæ хуызæн тæригъæдджынтæй Уый фервæзын кодта милуангæйттæ. Иу чидæр нæ, фæлæ уыдон сеппæт дæр зæрдæйæ бамбæрстой, Чы- рысти æцæгдæр кæй нæу мард Хуыцау. Уый уымæн, æмæ, „Рай- гас æртыккаг бон, Библийы дзырдмæ гæсгæ" (1 Кор. 15). Райгас уæвгæйæ, Чырыстийы ахуырады фæдыл бирæтæ ацыд, уыцы æцæгдзинадæн æвдисæны тыххæй йæ цард чи радта, ахæмтæ. Ныр Чырыстийы ахуырадыл цæуджытæ дзæвгар фыл- дæр баисты, бирæ сæдæ азты размæ цас уыдысты, уыцы ны- мæцæй. „Мæрдтæй фыццагдæр райгас Чырысти" - зæгъы Йæ ахуыргæнинаг Павел. Гъе, уый у нæ цин, нæ уæлахиздзинад, нæ амонд, нæ фидæн. Уырнæд дæ уæдæ Чырысти! Уырнæд уæ, кæй райгас, уый дæр. Йæхорзæхдæуæд! КУЛЬТУРÆЙЫ ТЫХХÆЙ „..Æз рагæй хъавын бафæрсынмæ: аргъуан цæуыянæ аргъ кæны культурæйæн æмæ дунейы прогрессæн?" 165
Чырыстийы аргъуан нæдæр культурæйы ныхмæ у, нæдæр дунейы прогрессы ныхмæ. Хъуыддаг ис æрмæстдæр уый мидæг, цы нымайын хъæуы æцæг культурæйыл æмæ æцæг прогрессыл? Æцæг Чырыстон чи у, уый зæххон царды циндзинадыл ни- куы атигъ кæндзæн йæхи. Нæ разы кæны æрмæст мæнг митыл, тæригъæдджын æхсызгондзинæдтыл. Уырнæг адæм циндзинад хæссынц иннæтæн. Уыцы циндзинад та сæм æвзæры Чырыс- тийыл æууæндынæй, стæй нæ Уæларвон Фыд адæмæн цы фæр- ныг хъуыддæгтæ лæвар кæны, уыдонæй. Æппындæр зонын кæй ницы фæнды, ахæм чырыстæттæ сæхи уымæй раст кæнынц, ома, дам, „Мах æууæндæм Библийыл..." Æмæ уый хорз у, фæлæ афтæ нæ амоны, барвæндонæй дæхи æнæхай кæн, Хуыцауы раз тæригъæд цы нæу, уыцы циндзи- нæдтæй. Мæ хъустыл æрцыд тынг карз æфхæрæн ныхæстæ, дунейыл хъуыстгонд æрыгон пианист Ван Клиберны тыххæй: „Цæй чырыстон у, Кремлы хицауадæн Мæскуыйы чи цагъта, уый?" Фæлæ афтæ хъуыды кæнын раст нæу. Клиберн цагъта уырыссаг адæмæн. Æмæ кæд се ’хсæн искæцы премьер фæци, Хрущёвы хуызæн, уæд уый та ноджы хуыздæр. Критикæгæнджытæн æвзæр нæ уаид Библийы амынд хабар зæрдыл дарын, Давид йæ музыкæйæ дурзæрдæ тызмæг Саулы куыд хъæлдзæг кодта, йæ зæрдæ йын куыд рухс кодта, уый. Музыкæ у Хуыцауы лæвар. Æцæг чырыстоныл йæхи чи нымайы, уый æцæгдæр дисы æфтаудзысты аивады номдзыд уацмыстæ. Цыдæриддæр зонæм сыгъдæгæй, аивæй зæрдæйы рухсæн ахъазгæнæгæй, - иууылдæр цæуынц Хуыцауæй. Тæригъæдтаг фыдбылызтæй æмæ алыхуызон галиу митæй йæ æмырдзаг цы дуне у, уым Хуыцау равзары иуæй-иуты æмæ сын бахай кæны сæрмагонд лæвæрттæ - курдиаттæ, сæ удтæм сын уæлдай тыхджыкдæр æнкъарæнтæ бауадзгæйæ. Уыцы хъуыддаджы Хуыцау никæйы хъулон кæны уырнæгæй, æнæ- уырнæгæй. Уый зæгъæн ис поэзийæ дæр, дун-дунейы рæсугъддзинадыл, Хуыцауы фæлыст алæмæты диссæгтыл чи зары, уый. Æз не 166
’мбарын, поэзийы ныхмæ чи лæууы, ахæм чырыстоны, поэзи рæстдзинадмæ, царды æцæгдзинадмæ кæй сиды, уый зонгæйæ. Хуыцау адæмæн стыр хай бакодта рæстзондæй, æрхъуыды- дзинадæй, зæрдæргъæвддзинадæй, цæмæй алы ран дæр нæра Йæ ном. Царды æцæгдзинад æвдисæг, ныфсдæттæг культурæ æнæ- фæхицæнгæнгæ æнгом баст у чырыстон динимæ. ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ФАРСТ „...Евангели бирæ хæттыты бакастæн æмæ никуы ахъуыды кодтон, Чырысти Йæ ахуыргæнинæгты Евангели хъусын кæнынмæ куы æрвыста, уæд сын цæмæн бафæдзæхста „фæндагыл салам ма- кæмæн дæттут", зæгъгæГ Хурыскæсæн бæстæты адæмтæм ахæм æгъдау уыд, фæндагыл æмбæлæггагæн салам лæвæрдтой сæрæй нæ, фæлæ хъæбыстæй, пъатæй æмæ æндæр ахæм митæй, кæцытыл бирæ рæстæг цыди. Чырысти 70 ахуыргæнинаджы арвыста Евангели æмбарын кæнынмæ алы горæттæм, сæ фæд-фæд та ацыди Йесо Йæхæдæг. Æмæ сæ балцы рæстæг цæмæй дзæгъæл сæфт ма кæна, уый тыххæй сын бафæдзæхста фæндаггæттæн салам нæ дæттын, фæлæ сæ цыдæй цæуын, æнæкъуылымпыйæ. Фæстæдæр та Йæ ахуыргæнинæгты куы арвыста Евангели æмбарын кæнынмæ, уæд сын зæгъта: „Цæугæут æппæт дунейыл æмæ хъусын кæнут сеппæтæн Евангели. Чи йыл æууæнда æмæ чи аргъауа (донæй), уый уыдзæн ирвæзт, чи нæ æууæнда, уый та тæрхонгонд." (Мр. 16:35). ДОГМАТИКА НÆ, ФÆЛÆ ПРАКТИКÆ „...Мæ зæрдæмæ цæуынц дæ фыстытæ, фæлæ æгæр æргом здæхыс догматикæмæ, хуыздæр уаид цардæн йæхиуагмæ æркæсын. Дзуапп ма мынрадт ахæм фарстæн: куыд фæхуыздæр чындæуа нæ фæсивæдæн сæморалон цæсгом?" 167
Уый къухы бафтдзæн æрмæстдæр сæ ныййарджыты моралон рæзт фæтыхджындæр кæнгæйæ. Милуангай сывæллæттæ рæ- зынц сæхæдæг сæхи барæй, моралон æгъдауæй æппын æнæ хъомыладæй. Уымæн æмæ сæ ныййарджытæ сæхæдæг уыцы хуызы хъомылгонд сты. 25 азæй кæстæр фæлтæртæ динæн æппындæр ницы æмбарынц. Цæмæн? Уымæн æмæ сæ ный- йарджытæ дæр динмæ ницы бар дарынц, Библийы хабар хъусгæ дæр нæ кæнынц. Цæмæн? Уый дæр та уымæн, æмæ сæ ный- йарджытæ Библи никуы рафæлдæхтой, никуы дзы ницы бака- стысты, никуы дзы ницы зонд райстой. Гъе уымæ гæсгæ фыдбылызтæ æмæ фыддзинæдтæ, давд, лæбурд, стыгъд, мард, наркотиктæй бæстæ байдзаг. Æмæ уыцы фыдгæнджытæн сæ фылдæрыл 25 азы онг нæма рацыд. Библи уый тыххæй афтæ фыссы: „Æвзонг адæймаджы рæстмæ сараз йæ царды фæндаджы тæккæ фыццаг къахдзæфтыл, æмæ дзы йæ зæронды бонмæ дæр нæ фæиуварс уыдзæн" (Пр. 22:6). Ныййарджыты цард у нæ фæсивæды стырдæр æмæ кадджын- дæр ахуыргæнæг. Зæгъæм, дæ фырты куыд мадзалæй нæ ба- уадздзынæ тамако дымын, буарæн зиан хæссы, зæгъгæ, дæхи дын дымгæ куы уына, уæд. Моралон хъомылады мæ фæндæй уæ хуыздæр хос - æнæс- цухæй аргъуанмæ цæут уæ сывæллæттимæ, цалынмæ уын амал уа, уæдмæ. Семæ иумæ кæсут Библи дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæй сæ зæдтæ нæ фестын кæндзыстут, фæлæ сын ахъаз фæуы- дзыстут царды æцæгдзинад бамбарынæн, æнæ Чырысти фыдбы- лызæй ирвæзæн кæй нæй, амондджын цард ссарæн кæй нæй, уыдæттæй. Хуыцауы фарн уын ахъазгæнæг фæуæд ныййарæгæй, сывæл- лонæй уе ’ппæтæн дæр! КОНСЕРВАТИВОН ТÆРИГЪÆДДЖЬШТÆ „..Æппæт адæм дæр тæригъæдджын кæй сты, уый чидæриддæр зоны. Уæдæ сын уæд агурын хъæуы аирвæзыны мадзал. Уый та сын амоны Евангели. Æмæ мæм дис кæсы, адæм цæуылнæ уарзынц 168
Евангели, æнæ зынгæйæ, уæзданæй дзы сæхи иуварс цæмæн ла- сынцГ Фыццаджыдæр уый зæгъын хъæуы, æмæ Евангели сиды æппæт адæммæ дæр царды уаг æмæ адæймаджы хъуыды бын- дзарæй фендæрхуызон кæнынмæ. Фæлæ адæмæн сæ фылдæр тынг зын здахæн сты æндæрырдæм, цæуыл сахуыр сты, ууыл фидар хæцынц. Тæригъæды цæуын æрдзæй рахастой, ууыл нæ лæууынц, фæлæ ма ноджы фидар хæцынц, цы æрæййæфтой, уыцы уагыл, схонæн сæ ис консервативон тæригъæдджынтæ. Иу дохтыр ахæм хабар ракодта, æдзухъом, фæкæсынхъуаг адæм æххуыс куыд нæ фæкомынц, сæ царды уаг аивын сæ куы бахъæуа, уый адæргæй æмæ сæхи фæндыл куыд ныффæрск вæййынц, уый тыххæй. Сæмбæлди ахæм бинонтыл, цæрын æппындæр чи нæ фæрæзта. Зæронд лæг æмæ усæн æгæр-мæгуыр сынтæджытæ дæр нæ уыд. Лæг хуыссыд айдагъ гобаныл, сыл- гоймаг та - иу чысыл стъолыл, æмæ ма сæм уыд иунæг бандон. Лæг уалынмæ амард. Æнæниздзинад хъахъхъæныны хайад бауынаффæ кодта уат расыгъдæг кæнын, фæлæ сылгоймаг, марадз зæгъай, уæлæмæ стын кома!... Стæй йæ уæддæр куыд- дæртæй сыстын кодтой æмæ йæ базы бын разынди 5500 доллæры. Цымæ ма сæ кæдмæ æмбырд кодта уый хуызæн мæгуыр царды?! Æмæ кæй зæгъын æй хъæуы æххуысгæнджытæ аххосджын фесты, - „мæгуыр" усы сусæггаг кæй раргом, уый тыххæй. Ахæм хабæрттæ бирæ ис. Адæймаг цæуыл сахуыр, уымæй фæиртæсын нæ комы. Æмæ сæ фæлтау сæ бынатæй ма змæлын кæн, уадз сæ æмæ тæри- гъæдтимæ цæрой, фервæзæн сын куы вæййы, уæддæр. Нæ уар- зынц бирæ хабæрттæм хъусын, нæ кæсынц Библи. Тæрсынц, сæ бынтæ куы фæкъахыр уой, миййаг. Япойнаг нау йæхи скъурдта æндæрыл æмæ дзы иу матросæн йæ къах фæсаст, афтæмæй йæ æххуысмæ баппæрстой америкаг наумæ, æмæ йæм уым дохтыры куы бакодтой, уæд йæ „гæн- дзæхтæ цæгъдыныл" сси. „Ма мæм æвнал, ныууадз мæ мæ адыл! Стæй йæ операцион стъолыл куы æрæвæрдтой, уæд йæ хæлафы дзыппы бæстон хуыдæй æмбæхст разынд наркотиктæ. Уый 169
цæмæн хъæуы Евангели?! „Уæ хæзна кæм уа, уæ зæрдæ дæр уым уыдзæни", - загъта Чырысти (Мф. 6, 21). СУСÆГ РАРГОМ УЫДЗÆН „...Евангелийы афтæ бакастæн: Ананий æмæ Сапфирæйы Хуы- цау бафхæрдта æваст мæлæтæй, гæды ныхас кæй загътой, уый тыххæй. Ныр хьусын, æмæ алы чырыстонæн дæр гæды ныхас ракæнын ату кæнынæй уæлдай нал у. Уæд цæуылнæ мæлынц уыдон æваст мæлæтæй?" Ананий æмæ Сапфирæйы хабар Евангелийы æрхастой дзыр- дæн. Хуыцау алкæмæн дæр ахæм тæрхон куы кæнид гæды ныха- сы тыххæй, уæд, æвæццæгæн, æмæ зæххыл ничиуал баззаид афонмæ. 0, Хуыцау æфхæры мæнгдзинады тыххæй, æрмæст сын æваст нæ тæрхон кæны, æваст сыл нæ фæзыны сæ тæригъæд. Дæтты рæстæг ахъуыды кæнынæн, æрфæсмон кæнынæн, æнæ- гæды раст фæндагмæ рахизынæн. Уырнгæ та уæ ма кæнæд, иуæй-иуæн „гæды ныхас акæнын ату кæнынæй æнцондæр у", зæгъгæ. Стæй уыдоны чырыстæттæ æнхъæл дæр ма ут. Ахæм адæмтæ сæхæдæг сæхи сайынц. Чырысти афтæ загъта: „Ахæм сусæггаг æппындæр нæй, цы нæ раргом вæййы; стæй ахæм æмбæхст дæр нæй, æдтæмæ чи нæ разына" (Мр. 4:22). Адæймаг дзæгъæлы кæны гæды ныхас. Уырыссаг æмбисон- дау, туас голладжы бамбæхсæн нæй. Хатгай иуæй-иутæн банты- сы сæ гæды ныхас басусæг кæнын, фæлæ æрмæст рæстæгмæ, искæд бон ын æнæ раргом хос нæй. Уæдæ адæймагæн йæ бон у Хуыцауæй исты бамбæхсын? Уый уыны зæххыл цæрæг æппæт адæмты цæстытæй хуыздæр. Уымæн æмæ Йæхæдæг у цæст æмæ хъус рафæлдисæг. Уæдæ гъе афтæ, Хуыцауы раст тæрхонæй алидзæн никæмæн ис. Ананий, йæ бынтæ ныууæй кæнгæйæ, йе ’хцатæй афæсаууон кодта, йæ ус Сапфирæ дæр æй зыдта, афтæмæй. Иу цасдæр та дзы Чырыстийы ахуыргæнинæгты къæхты бын æрæвæрдта. Æмæ йын уæд Пётр загъта: „Ды афæлывтай адæймæгты нæ, 170
фæлæ Хуыцауы". Уыцы уайдзæф айхъусгæйæ Ананий ахаудта æмæ улæфгæ дæр нал скодта. Ахæм æмбисонд æвиппайды æрбамбæлд йæ ус Сапфирæйыл дæр (Д.А. 5 гл.). Тыххæй ничи ауæй кæнын кодта Анани æмæ Сапфирæйæн сæ бынтæ æмæ сын тыххæй ничи бахæссын кодта æхца Чырыстийы ахуыргæнинæгты къæхты бынмæ. Фæлæ иугæр бакодтой, уæд та сæ чырыстон хæс уыди æцæгдзинад зæгъын: нæ бынтæ ныууæй кодтам уый бæрцыл æмæ дзы уый бæрц ныу- уагътам бахъуаджы бонмæ. Фæлæ рæстдзинад зæгъыны бæсты уыдон афæлывтой Бæрзондылбадæджы æмæ сæ Уый азар басы- гъта. Уый алкæмæн дæр зонды хос у. Мæнгард митæ чи кæны, уыдонæн даргъ цæрæнбон нæ уыдзæн. ХОТЫХТÆ АППАРЫНЫ ТЫХХÆЙ „...Стыр диссаг мæм кæсы, Чырыстийы ахуыргæнинаг Петры кьухы уыди цирхъ, афтæмæй ма салдаты амарынвæнд кодта! Уæдæ уæд куыд æфхæргæ сты, ныртæккæ хи хьахьхъæныны тыххæй йæхи гæрзифтонг чи дары, уыдон таГ Мæнæн никæуыл мæ зæрдæ худы. Алкæмæн дæр йæ Хуыцау æгъгъæд фæуæд. Ацы хъуыддаджы та дын уый зæгъинаг дæн æмæ Йесомæ чи уыд, уыдонæй иуæн йæ куъхы цирхъ хи бахъахъхъæнынæн нæ разынд. Чи зоны æмæ цирхъ дæр нæ уыд, фæлæ хуымæтæджы раст кард, Палестинæйы кæсагахсджытæ- иу кæсаг кæмæй сыгъдæг кодтой, ахæм. Ацы хъуыддаджы Пётр армæй кæй бавнæлдта, уый, æнæмæнг, рæдыд у. Æмæ йын Чырысти уымæн бауайдзæф кодта: „Дæ цирхъ йæ кæрддзæмы нытътъыс, уымæн æмæ цирхъ йæ къухмæ чидæриддæр райсы, уымæн йæ мæлæт уымæй æрцæуы" (Мф. 26:52). Æмæ цалынмæ уыцы фæдзæхсты сæрты хизой, Чырыстийы фæдон йæхи чи хоны, уыдон, уæдмæ тынг зын зæгъæн у, стæй уæвгæ дæр нæ уыдзæн зæххыл сабыр цард. 171
ДЫЗÆРДЫДЖЫ ТЫХХÆЙ „...Аргъауæг Иоанн йæ ахуыргæнинæгты Чырыстимæ куы æрвы- ста бафæрсынмæ, æцæгдæр Уый у, æви нæ, науæд æндæрмæ æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн, зæгъгæ, уæд Йесойыл аргъаугæйæ, йæхи цæстытæй куы федта, Сыгъдæг Уд бæлоны хуызы кæй æрын- цади Йесойыл, уый, стæй ма Йын Йæ хъæлæс дæр куы фехъуыста Уæларвæй, уæд дызæрдыг та ма цæмæн кодтаГ Дины хъуыддæгтыл кусджытæй иуæй-иутæ æнхъæл сты, фæдызæрдыг Иоанн нæ, фæлæ йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ уымæн арвыста Йесомæ, цæмæй феной Чырыстийы арæзт диссæгтæ, фехъусой Йын Йæ хъæлæс æмæ фесæфа сæ дызæр- дыгдзинад. Чи зоны æмæ æцæгдæр афтæ у. Фæлæ фæдызæрдыг уæвæн уыд Иоаннæн йæхицæн дæр. Дызæрдыгдзинад хæццæ кодта Аврааммæ дæр, фыртарстæй фараонæй йæ усы йæ хо чи схуыдта, уымæ. Уæдæ Давид дæр хатгай „сади уыцы низæй", кæд ма уæ зæрдыл лæууы йæ ныхас: Искуыд, чи зоны, æмæ æз дæр бахауон Саулы къухмæ..." Дызæрдыгтæ кæнын байдыдтой Чырыстийæн Йæхи ахуыргæнинæгтæ дæр, иу хатт фыртæссæй сæ Ахуыргæнæджы куы ныууагътой æмæ Заведейы хæдзары сæхиуыл дуæрттæ куы сæхгæдтой... Æмæ диссаг нæу, Иоанн талынг ахæстоны куы смидæг æд хъадамантæ, кæд миййаг, уæд фæдзæгъæл йæ зонд. Чи зоны, уæд сæрибармæ æнхъæлмæ касти Чырыстимæ, Уый та йæм нæ цыд æххуысмæ талынг ахæстонмæ. Фæлитой дæлимоны афтæ фæнды, цæмæй адæм дызæрдыг кæной, Чырысти Хуыцауы Фырт кæй у, ууыл. Фæлæ Библи кæй фыссы, уыдоныл лыстæг ахъуыды кæнгæйæ адæймаг æрцæуы иунæг хъуыдымæ: „Уый - Кæмæн æмбæлди æрцæуын, уый У". Уый - Хуыцауы Фырт у, Чырысти, тæригъæдджынты Ирвæзын- гæнæг. 172
МÆ ХЪЫСМÆТ МÆМ НÆ ХУДЫ... „...Лæтæры хъазгæйæ, чыдæр рамбулы, чидæр та нæ. Æмæ цымæ чырыстонæн æмбæлы ахæм хъæзтыты архайынГÆз схардз кодтон хъазтыл 100 доллæры. Чырыстонæн æмбæлы лæтæрæй хъазын? Чырыстоны уырнындзинад ууыл нæ лæууы, „бахудти дæм дæ хъысмæт, æви нæ", фæлæ Удмидæг Хуыцауы Ныхасыл. Мæгуыр- дзард куы кæнис, уæддæр лæтæры хъазт æмæ къамæй хъазт - сты хисайæн митæ. Хуыцау та зоны, чи Йыл æууæнды, уыдонæн куыд æххуыс хъæуы, уый.Адунейы философи афтæ арæзт у: „ницæйы тыххæй исты райсын" æмæ нæ фидауы чырыстонæн. Бакæсут ма Филиппæгтæм фыстæг 2:3. Æнæ бафыдæбонæй пайдатæм æнхъæлмæ кæсын чырысто- нæн кады хос нæу. Хуыздæр уыдаид уыцы 100 доллæры Хуы- цауы куыстмæ раттын. Лæтæрæй хъазæн машинæтæ сты чъизи æмæ тæригъæд хъуыддаг. УСТЫТЫ ТЫХХÆЙ „... Чырыстийы ахуыргæнинаг Павел фыста: „Аив нæу Аргъуаны мидæг сылгоймагимæ дзурын". Æз фехъуыстон аргъуанты уæвгæйæ, сылгоймæгтæ хъæрæй куыд кувынц, уый, ноджы ма рахизынц размæ æмæ Евангели кæсын байдайынц. Искуы афтæ фыст ис Чырыстийы фæдзæхстыты?" Сылгоймæгтæ Аргъуаны хъæрæй кувынц, кæнæ Евангели хъæрæй кæсынц, уым æз ницы уынын аиппæй. Аипп уый у, сыл- гоймæгтæ сæ лæгты куы фæахуыр кæнынц, зондамонæг сын куы ныллæууынц. Чырыстийы ахуыргæнинаг Павелы фæндонæй та сылгоймæгтæн не ’мбæлди аргъуанты мидæг сæ лæгтæн зонд амонын. Фæлæ кæд устытæ кувынц, уæд уый Йесойы кадыл дзурæг у, Аргъуаны раппæлинаг миниуæгыл. Æппæты разæй сылгоймæгтæ фехъусын кодтой, Чырысти 173
кæй райгас, уыцы хабар. Йесо сæ Йæхæдæг арвыста: „Ацæут æмæ зæгъут ..." Рагон Фæдзæхсты дæр æмæ Ног Фæдзæхсты дæр сæмбæлæн ис сылгоймаг пахуымпартыл. Уæвгæ та усæн аив нæу йæ лæджы „сæрыл бадын" æмæ йын уырдыгмæ зонд амонын, Аргъуаны уа, хæдзары уа, уæддæр. „Уæ- хи фæндиаг цæрут уарзонæй, кæрæдзийы зонд æмбаргæйæ" - амоны Библи. ЦÆМÆНУАФТÆ? „...Ды зæгъыс, азиаг адæмтæ хъæбæрзæрдæ сты, уырыс та фæлмæнзæрдæ. Уæдæ афтæ куыд рауад, япойнæгтæ нæ амардтой сæ императоры, йæ уд ын бахъахъхъæдтой, æгæр-мæгуыр æй ахæстоны дæр нæ бакодтой, куыст ын радтой, æндæр. Уырыс та канд сæ императоры нæ, фæлæ ма йын йæ бинонты дæр ныц- цагътой усæй, сывæллонæй. Æмæ мæм ахæм хъуыды æрцыд: уыди чырыстон бæстæ Уæрæсе, суанг ма йæ хуыдтой „Святая Русъ", афтæмæй сæ паддзахæн муртаттаг митæ бакодтой. Япойнæгтæ та, муртаттæ уæвгæйæ, сæ паддзахæн чырыстонми бакодтой. Цæмæн афтæГ Уæрæсейы „Святая Русь", „Чырыстон Уæрæсе" зæгъгæ, кæй хуыдтой, уый æцæгдзинадæй дæр „зæды бадæн" уыд. „Уæвын" æмæ „хонын" иу не сты, сызгъæрин дæм чи зына, уый, гæнæн ис, æмæ сызгъæрин доны тылд дæр ма разына. Æнæгæды ныхасæй уыди Уæрæсейы кувæг адæм, сыгъдæг чырыстæттæ, уæздан гуырдтæ, фæлæ ахæмтæн æнцой никуы радтой, æдзух сæ алы хуызы æфхæрдтой, кæмæн-иу йæ цоты байстой, кæй Сыбырмæ æрвыстой. Фæлæ революцийы рæстæг Екатеринбурджы Ипатьевы хæ- дзары уæрмы цы æбуалгъ ми æрцыди, уым ницы хуызы аххос- джын у чырыстон дин. Императоры æмæ йын йæ бинонты кæй ныццагтой, уымæн йæ аххосаг агурын хъæуы раздæр заманты, бирæ æнусты адæм Евангелийæ иппæрд куы цыдысты, уæд. Милуангай адæмтæ 174
Уæрæсейы нымад уыдысты чырыстæттыл, афтæмæй та сын Евангели æхгæд чиныг уыд, сæ къухмæ никуы бахауд, сæ бон ыл цыди æрмæстдæр аргъуанты кусджытæн, хицауадæн, кæд æмæ хъуамæ алы хæдзары дæр тæккæ бæрæгдæр ран æвæрд уыдаид, зынгæ бынаты æмæ йæ алчидæр кастаид, уæд. Мæгъæлда чи тауы, уый мæнæу никуы æркæрддзæн йæ хуымтæй. Афтæ дин дæр. Чырыстон дин æнæ Чырысти, уый æрмæстдæр мыдадзын лæг у æнæудæй æмæ йæм ницы моралон раппæлинаг миниуджытæ ис, муртатты динимæ абаргæйæ. Япойнæгтæм та тыхджынæй баззадысты се ’гъдæуттæ, сæ куывд, сæ императоры цыт æмæ йæм кувынц, Хуыцаумæ кувæгау. ЦÆУЫЛНÆ ИС АФТÆ ГÆНÆН? „.,.Мæ сабийы бонты хъуыды кодтон, æвæдза, иу хатт Йæхи равдыста Хуыцау, зæгъгæ, уæд Æм æппæт адæм дæр æндæрхуызон цæстæй акæсиккой, фæлæ цæмæндæруый гæнæн нæй". Рагон таурæгъ нæм ахæм хабар æрхæццæ кодта: „Цæвиттон иу паддзахы бафæндыд Хуыцауы фенын. Æмæ йæхимæ уый тыххæй æрхуыдта æппæты зындгонддæр куырыхон лæджы æмæ йæ бафарста: Хуыцауы фенын кæнын мын дæ бон бауыдзæн? Куырыхон лæг бон сихорафон кæртмæ ракодта паддзахы æмæ йæ скæсын кодта хæрдмæ: - Кæсхурмæ! - Мæ бон нæу! - загъта паддзах. - Æмæ уæдæ кæд дæуæн дæ бон нæу хурмæ кæсын, уæд куыд хъуамæ бафæразай, хур Чи рафæлдыста, Уымæ скæсын? - фæр- сы куырыхон. Зæгъæм, адæмы æдылы фæндонтæ сæххæст кæнын бафæн- дыд Хуыцауы æмæ Йæ зæрды æрæфтыд Йæхи равдисын, куыд Æй феной, афтæ, уæд цымæ цы мадзалæй, кæй хуызы раргом кæнид Йæхи? Æвæццæгæн, уæд алы адæймаг дæр бахæссид йæхи фæндон, йæхи мадзал, цы бакæнын хъæуы, уый тыххæй. 175
Хуыцауæн, кæй зæгъын æй хъæуы, Йæ бон алцыдæр у. Стæй Йæхи дæр алы хуызты æвдыста Аврааммæ, Мойсеймæ, Илиамæ. Фæлæ уыдон уæдцæр нæ бауырнын кодтой æнæхуыцау адæмы, Хуыцау кæй ис, ууыл. Хуыцауæн йæхи равдисыны æппæты хуыздæр мадзал у адæймаджы хуызы æрцæуын. Æмæ кæнгæ дæр афтæ бакодта. Йæхи раргом кодта, Йесо Чырыстийы хуызы бацæугæйæ. Ууыл рацыд ныр дыууæ мин азы бæрц æмæ Йæм куыд ракастысты адæм? Библи æмбарын кæнын Йæ бон баци æрмæстдæр æртæ азы æмæ æрдæг, стæй Йæ уалынмæ йæ цыппар къабазæй дзу- арыл байтыгътой. Фæлæ ныр ногæй зæхмæ уыцы хуызы æрхызт, зæгъгæ, уæд æй апириккой æртæ азмæ нæ, фæлæ æртæ мæймæ, уæлдайдæр та Хуыцауы ныхмæ, дины ныхмæ тох карзæй кæм цыд парахатæй, уыцы бæстæйы, ома, махмæ, Уæрæсейы. Апостол Иаков нын зæгъы, Хуыцауы зонын æгъгъæд кæй нæу, уый. „Хæйрæджытæ дæр æууæндынц, - зæгъы уый. - Фæлæ Хуыцауы нæ уарзынц æмæ Йын коммæ нæ кæсынц, Йæ ныхмæ тох кæнынц". Æмæ ныр, æнæуынгæйæ, Йæ ныхмæ афтæ тыхджынæй кæм сыстадысты, уым Ын, æвæдза, цытæ бакæниккой, æцæг хуызы ма сæм куы фæзындаид, уæд. Кувæг адæм кæд Хуыцауæн Йæхи нæ уынынц, уæддæр Ыл æууæндынц, уырны сæ Хуыцау æмæ Йын табу кæнынц. Чи нæ Йыл æууæнды, уый та йæ фендæй ноджы карздæр, ноджы налат- дæр фæуид. Фарисейтæ æмæ чиныджыдæснытæ уыдтой æмæ хорз зыд- той, Чырысти кæй райгас, фæлæ уымæй исты хуыздæр фесты? Æппындæр нæ. КÆМ ИС ÆНЦОЙДЗИНАД, САБЫР ЦАРД? „...Зæдтæ, дам, Цыппурсы бæрæгæхсæв „зæххыл сабыр цардыл æмæ адæймаджы зæрдæхæлардзинадыл" ныццæлхъ ластой сæ зарæг. Ныруæ фæрсын: кæм исуыцы сабыр цард æмæ кæм ис адæй- маджы хæлар зæрдæ? Фæстаг дыууæ мин азы кæрæй-кæронмæ, 176
уымæй размæйы хуызæн адæм, сырдтау, сæ кæрæзийы æхсынынæй куынæ æнцайынц, хæст хæсты фæдыл куы æвзарынц..." Раст у: зæххыл нæй сабыр цард, нæй хæларзæрдæ адæймаг, стæй дзы нæ уыдзæн, цалынмæ Чырысти зæххыл паддзахиуæг кæнын райдайа мин азы онг, уæдмæ (Мф. 24:14). Цыппурсæхсæв зæдтæ фиййæуттæн фехъусын кодтой, нæ зæххыл Чырыстийы Паддзахиуæгдзинад ралæудзæн, фидæны сабыр цард æмæ цæстуарзондзинад дзы æрæнцайдзæн, зæгъгæ. Сымах зæгъдзыстут, уый тынг дард у. Уый - адæммæ гæсгæ. „Хуыцаумæ гæсгæ та мин азы иу боныл нымад сты", - амоны Библи. Мæнæ ныртæккæ цы æбуалгъы хабæрттæ цæуы, уыдоныл ахъуыды кæнгæйæ, Чырыстийы мин азы паддзахадмæ бирæ нал ис. Уыцы паддзахады тыххæй Аргъауæг Иоанн дæр загъта: „Æр- фæсмон кæнут! Уæларвон паддзахдзинады æмгъуыд æрбаввахс." (Мф. 3:2). Уый адæмæн æмбарын кæнын фæдзæхста Йесо дæр Йæ ахуыргæнинæгтæн. Чырысти Никодимæн куы загъта: „Хуыцауы фарнæй чи нæ райгуыра, уый бон нæ бауыдзæн Уæларвон дуне фенын". Уый дзырдта Чырыстийы мин азы Паддзахдзинадыл, Цыппурсæхсæв Зæдтæ кæй тыххæй ныззарыдысты, уыцы хабарыл. ЦÆМÆН? „...Зæгъ ма, дæ хорзæхæй, иуæй-иу аргъуанты адæм кувынц 17-æм æнусы зæронд æвзагæй, цыма Хуыцау абоны дуджы æвзаг не ’мбары, уыйауГ Иуæй-иу адæмтæ фидар хæцаг сты зæронд фæлгонцтыл, æндæр цæмæн хъæуы астæуккаг æнусты æвзагæй дзурын, æви кувын абоны бон? Кувыны ныхæстыл лæг алы дзырд дæр хъуамæ æмбара йæхæдæг, стæй йæ æмбарой иннæтæ дæр æмæ йæ хæстæг айсой сæ зæрдæмæ. Хуыцау нын æгайтма радта канд зæрдæ нæ, фæлæ 177
ма зонд дæр. Уымæ гæсгæ куывды ныхæстæ хъуамæ арф хизой зæрдæмæ дæр æмæ сæрмæ дæр. Уымæн æмæ зонд дæр тыхджын у, æви лæмæгъ, Хуыцауæй лæвæрд сты махæн. Уымæ гæсгæ Апостол Павел фыссы: „Кувдзынæн удæй, кувдзынæн зондæй дæрЦКор. 14:15). Хуыцау махæн æмбары канд не ’взаг нæ, фæлæ нæ алы улæфт дæр, нæ зæрдæйы фæндтæ æмæ бæллицтæ, нæ куывд та, - æнæныхæстæй дæр, адæймаг йæхинымæр кæй фæзæгъы, уыцы ныхæстæ дæр Æм хъуысынц. ЦÆМÆН КÆНÆМ БÆРÆГБОН? „...Чырысти никуы загъта, Йæ райгуырæн бон Ын бæрæг кæ- нæнт, зæгъгæ; уый дзырдта, цæмæй кувæг адæм мысой Йæ мæлæ- ты бон. Æмæ уымæн фæрсын: цæмæн бæрæг кæнут Чырыстийы Райгуырæн бон - Цыппурс, кæд Йæхи нæ фæнды, уæдГ Нæ зонын, ды кæцæй райстай, Йæхæдæг Йæхи райгуырæн боны - Цыппурсы ныхмæ у, зæгъгæ. Зындгонд у уый, æмæ мах, зæххон адæм нæхæдæг нæ рауагътам Йесо Чырыстийы Рай- гуырæн бон, ирон Цыппурс бæрæг кæныны æгъдау. Уæлдайдæр та æппындæр ничи зоны, бæлвырд бæрæг цавæр бон, кæцы бон райгуырд Йесо, уый. Фæлæ кæд æмæ адæм афæдз иунæг бон снысан кодтой, нæ Ирвæзынгæнæг Чырысти дунемæ куы фæзынд, уый æрæмысыны тыххæй æмæ уыцы бонæй „бизнесы" пайдатæ нæ аразынц, фæлæ Хуыцауæн арфæ кæнынц, Йæ уар- зондзинады стыр лæвары тыххæй, уæд цы хъуамæ уа ахæм бæрæгбоны тæригъæддагæй? ЦÆЙ АХХОС У? „...Газетты тынг арæх кæсын, адæм сæфынц, зæгъгæ. Мæнæ та иу сылгоймаджы машинæмæ баппæрстой тыхгæнджытæ æмæ хъæр куы самадта, уæд æй ныццæфтæ кодтой авджы хъуыр гом- 178
гæнæнæй æмæ йæ буар ныллыгтæ кодтой. Æрвылбон ахæм æбуал- гъы хабæрттæ хъуысы алырдыгæй. Цæй аххосæй? Кæй бадардæуа азымы?" Ахæм уавæрæн иу аххос нæй. Сæйрагдæр бæллæхыл баныма- йын хъæуы уый, æмæ адæм фæиппæрд сты Хуыцауæй, чырыстон зондахастæй. Ам чысыл нæ ахады æнæджелбетт, æнæуаг литера- турæ, чиныгуæйгæнæн дуканитæ седзаг кæмæй сты, уый. Ноджы ма уымæ бафтау телевизион равдыстытæ æмæ кинонывтæ, лæг æмæ усы царды уаг æнæфсарм æвдыст кæм цæуы, уыдæттæ. Америчы уæвгæйæ, æз бирæ хæттыты дзырдтон æмæ фыстон уыцы æнæуаг программæты тыххæй æмæ мын адæм лæвæрдтой ахæм дзуапп: „Бамбар, мах Америчы цæрæм, Советон Уæрæ- сейы нæ фæлæ... махмæ сæрибардзинад ис, бархи цард". Ахæм уавæр канд Америчы нæй ныртæккæ, фæлæ Уæрæсейы дæр æмæ иннæ бæстæты дæр. Уыдæттыл ахъуыды кæнгæйæ, сæрибардзинад кæд афтæ æмбарынц адæмæн сæ фылдæр, уæд æнæмæнг адæм сæхæдæг сты аххосджын сæ фыдгæндты, сæ хъизæмæртты. Ам чысыл аххос нæ хауы сылгоймæгтæм дæр. Ссæдзæм æнусы размæ ахæм фыдраконд никуы æрцыд, скъола- дзау чызджы исчи аскъæфын бауæнда фæхынджылæг кæнын- мæ. Уымæн æмæ уыцы заманты сылгоймæгтæ æдтæмæ уынгмæ æрдæгбæгънæгæй никуы цыдысты. Ахæм сылгоймаджы исчи æдте куы федтаид, уæд дзы дардмæ лыгъдаид, кæнæ йæ фæхуыдтаид æрра æмæ йæ æвæстиатæй аластаиккой æррадон- мæ, дзæбæх кæнынмæ. Ныр кæс æмæ сæрдыгон уынгты цæуынц, цыма абанайы сты, уыййау. Уыцы „низ" бахæццæ чырыстон цардыуагмæ дæр, суанг ма аргъуаны дæр балæууынц æрдæг- бæгънæджытæй æмæ сын сауджынтæ макæ нæ зæгъынц, куы нæ уал сæм æрбацæуой, уымæй тæрсгæйæ. Библи та уыцы фар- стамæ здахы ахъаззаг æргом, цæмæй сылгоймæгтæ дзаумайæ арæзтæй, æфсæрмыхуызæй сæхи аив дарой, дзыккубыдæй нæ, сызгъæринæй нæ, хæрдоджытæй нæ, иуыл зынаргъ дарæстæй нæ, фæлæ фæрнæйдзаг хъуыддæгтæй, сылгоймагæн куыд фи- дауы афтæ..." (Пётр 3:3-4; 1 Тим.2:9-10). Раст фæндаг амоны Евангели дуне йæ фыднизтæй сдзæбæх 179
кæнынæн. Уый - Чырыстийыл баууæндыны фæндаг у, Хуыцауы ’рдæм раздæхыны фæндаг. Ныхас дæр ыл нæй, æппæт адæм фыдгæнджытæ не сты, социалон закъонтæ халæг, фæлæ сеппæт дæр æнæ иу хъуагæй сты тæригъæдджын. Сеппæт дæр ахызтысты Хуыцауы закъоны сæрты. Тæригъæдджыны йæ тæригъæд ласы сæрсæфæнмæ, фыдракондмæ, зындонмæ. Æмæ уый ныхмæ хъæддыхæй æрлæу- уын бауыдзæн æрмæст ахæмæн, йæ цард æнæхъæнæй Чырысти- йы бæрны чи бакæна, йæ галиу митыл чи æрфæсмон кæна æмæ Йесойы йæ зæрдæмæ арф чи айса. Дзыллæйы зондахаст бæрзонддæр сисын бирæ аразгæ у махæй алкæмæй дæр. Хуыцау ис, уый кæй бауырныдта, Чы- рыстийы рухс ном чи ары, уымæн йæ хæс у, чырыстон уæздан- дзинад, чырыстон хæрзуаг иннæтæн зонды хос цæмæй уа, хи афтæ дарын. КУЫДБАЗЫДТА? „...Хуыцау дун-дуне куы фæлдыста, уæд дзы адæймаг, миййаг, æвдисæн нæуыд. Уымæн æмæ адæймаг йæхæдæг дæр нæма фæзынд. Уæдæ уæд куыд базыдта адæймаг, Библийы цы фыстытæ ис фыц- цаг бонты рафæлдысты тыххæй, уыдон?" Уыдæттæ адæймаг базыдта æрмæстдæр Йæхицæй. Фыццаг уал - дзыхæй-дзыхмæ: Евæ æмæ Адамæн, стæй та - Мойсейæн афтæ фæдзæхсгæйæ: Хуыцауы æргом ныхас пергаментыл ныф- фыссын. Æмæ Мойсей бакодта афтæ. Хуыцау Адамæн æмæ Евæйæн æргомæй дзыхæй-дзыхмæ цы загъта уый, кæй зæгъын æй хъæуы, куыддæриддæр уыд, афтæ- мæй нал рахæццæ фæлтæрты сæрты, адæм сæхæдæг уырнындзи- надæй кæй фæиппæрд сты æмæ Хуыцауы тасæй, уымæ гæсгæ. Фæлæ Мойсей кæй ныффыста, уыдон адæймаджы стыр дисы æфтауынц сæ цыбыр æлвæст æмæ бæлвырд хъуыдытæй. Кæд æмæ куыдæй раргом кодта Хуыцау Йæ зæрдæ Мойсей- 180
мæ, уый базонын нæ бон бауыдзæн æрмæст не ’цæг дунейы, æнусты; чи зоны, Хуыцау Мойсейæн Йæ зæрдæйы уаг байгом кодта Синайы хохы цъуппыл, Мойсей Хуыцауимæ уым 40 боны æмæ æхсæвы иунæгæй куы баззад, уæд. Куыд ныхас кодта Хуыцау Мойсеимæ, уый дæр ничи зоны а дунейыл. Хуыцау Йæ сусæгдзинад Мойсейæн ауайын кодта йæ цæстытыл. Хуыцауæн ноджы Йæ бон уыд Мойсеимæ адæйма- джы хъæлæсы уагæй дзурын, фæлæ уыдæттæ сты сусæггаг, ничи сæ уынгæ фæкодта, ничи хъусгæ. ЧИ СТЫ ПРОТЕСТАНТТÆ „...Бамбарын ма нын кæн, дæ хорзæхæй, баптисттæ, (уырн- джытæ) протестанттæ сты, æви нæ?" Ацы фарстæн дзуапп лæвæрд ис Павленковы энциклопедион дзырдуаты мæнæ афтæ хуызы: „Протестанттæм хауынц æмæ уыцы номæй схуыдтой Евангелийы дингæнджыты, 16-æм æну- сы католицизмы ныхмæ чи æрлæууыд, уыдоны". Мартин Лютер у номдзыддæр фыццаг реформатортæй иу, римаг аргъуан Библийы амынд чи нæ уыди, ахæм æгъдæуттæ кæй кодта, бæлвырддæр зæгъгæйæ та - тæригъæдтæ æхцайыл кæй хатыр кодтой æмæ аргъуанты куыст æнæбæрæг æвзагыл кæй кодтой, уый ныхмæ „протест" саразæг. Реформаци зынын байдыдта 16-æм æнусы райдиан æмæ сси Евангелийы протестон аргъуанты арæзтады райдиан Англисы, Германы, Швецийы, Голландийы æмæ Европæйаг æндæр бæс- тæты. Баптисттæ не сты протестанттæ, католикон аргъуанмæ бар кæй никуы дардтой, уымæ гæсгæ, æмæ сæ нымæцмæ дæр уымæн нæ хауынц. Баптисттæ сты протестантты аргъуантæй бирæ рагондæр, сæ дины æгъдæуттæм сын куы æркæсай, уæд. Æнæгæды ныхасæй баптистты фыццаг аргъуаны бындурæ- вæрæг уыди Чырысти Йæхæдæг. Йæ аразыныл та бакуыстой Йесойæн Йæхи ахуыргæнинæгтæ, фæлæ уыцы аргъуан дарддæр 181
ацыди тынг уынгæг зын фæндæгтыл. Уымæ гæсгæ католицизм йæ тæккæ цырынæй куы уыд, уыцы рæстæджы Евангелийы æхсæнадтæ, нымæцæй чысыл уæвгæйæ, уыйас никæмæн уыды- сты зындгонд, ничима сæ хъуыста. ХУЫЦАУМÆ НÆЙ ЦÆСТМÆМИ „...Кæд Хуыцаумæ цæстмæми нæй, уæд цæрæнбонты уæдæ ныры онг Йæ арм цæмæн дары „дзуттаг" адæмыл æппæт иннæты хъауджыдæр? Æмæ кæд уыдоны Йæхи ’гъдауæй равзæрста, уæд тынг фæрæдыд..." Æппындæр нæ фæрæдыд, тынг раст сæ равзæрста, уымæн æмæ Хуыцау рæдигæ нæ кæны. Уæды рагон заманты цы адæмтæ царди, уыдоны фыдыздыхт æнæхъола зондахастимæ абаргæйæ, дзуттаг адæм уыдысты æппæты хуыздæр, кæд сæм рафауинаг миниуджытæ чысыл нæ уыд, уæддæр, фæлæ иннæ адæмтæ та уыдысты уыдонæй бирæ фыддæр. Æмæ хъуыддаг уый мидæг нæй уæвгæ дæр. Райдианты Хуы- цау никæцы адæммæ æрдардта Йæ хъус, уымæн æмæ уыцы заманты æппæт адæмтæ дæр чысылæй стырæй ныгъуылдысты æнæуаг царды малы æмæ куывтой æрмæстдæр алымыггаг гуы- мирытæн, сæхи къухæй конд, сæхи æрæмысгæ нывтæм. Равза- рæн дзы никæйы уыд. Уый адыл Хуыцау æркаст æмæ йæ цæст æрхаста æрмæстдæр иунæг кувæг лæг Авраамыл. Хуыцау ын ныууадзын кодта муртатты зæхх æмæ йæ ацæуын кодта Ханаа- ны бæстæмæ... Уым ын зæрдæ бавæрдта, æнæцот Авраамæй кæй рауадздзæн стыр адæмы хатт. Уый хъуамæ цот кæнын байдыд- таид æнæнымæц бирæ, денджызы змисау. Авраам байхъуыста Хуыцауы фæндмæ. Æмæ хъуыддаг рауад раст. Хуыцауы хъуыддæгтæ раст сты иууылдæр зæхх равзары- нæй дæр æмæ адæмы равзарынæй дæр. Цы фесты уæдæ ныр мао- витянтæ, амаликитянтæ; уæды заман чи цард, уыдон? Цы фесты Палестинæ æмæ Аравийы иннæ адæмтæ? Цы фæци номдзыд Египет, Вавилон, Ниневи, Ассири? Баззади ма сæ æрмæст згъæ- 182
лæнтæ. Израилаг адæмы паддзахад та абон дæр цæры, пахуым- партæ сæ рæстæджы куыд загътой зæрдаивæй, афтæ. Дзутты æхсæн цæстуарзон адæм æмæ уды хъæдæй рæсугъд бирæ нæ уыд. Фæлæ афтæмæй уæддæр Хуыцауы къухты дзутт уыдысты нæ Уæларвон Фыдæн Йæ зæрдæйы сусæг фæндтæ æгас дунейæн æмбарын кæныны хотых, Авраамæн, Исаакæн æмæ Яковæн сæ мыджы (мыг-, ома, нæмыг-адæймаджы гуырдз кæмæй равзæры, уый) фарн кæй уыдзæн, зæххы цъары æппæт адæмтæн дæр ахъазгæнæг фарн, уый Хуыцау раджы базыдта. Уыцы фарн мах абон уынæм Йесо Чырыстийы тыхы! Æмæ цас номдзыд ахуыргæндтæ рацыд дзуттаг адæмæй, уый та! Ноджы ма Чырыстийы ахуыргæнинæгтæ дæр уыдонæй! Афтæ зæгъæн нæй, Хуыцау æрмæстдæр дзутты уарзта. Хуы- цау у æппæт адæмы хæттыты Хуыцау дæр. Бакæсут ма, Йеру- салимы кувæндоныл аргъаугæйæ Соломон куыд скуывта, уый „Фехъусæд Дæм сæ куывд Дæ цæрæн бынат уæлæрвтæй, æмæ баххуыс кæн, æндæр адæмы мыггаг Дæм куы сидой, уæд, цæмæй зæххы цъары æппæт адæмтæ дæр зоной Дæ ном, цæмæй тæрсой Дæуæй, Дæ равзæрст адæм Израил Дæ куыд тæрсынц, афтæ" (3 Цар. 8:41-43). Нæ зæрдыл ма æрлæууæд Павелы ныхас дæр: „Чырыстийы мидæг нæй нæдæр эллин, нæдæр иудейаг". Чырыстийы мидæг неппæт дæр стæм Хуыцауы хъæбултæ. Чырысти бирæ хæттыты загъта, Хуыцауы фæнды æппæт адæмты дæр ирвæзын кæнын æмæ абон кæны уыцы хъуыддаг: алы адæмы æхсæн дæр ис Хуы- цауы сывæллæттæ. КУЫД БАМБАРÆН ИС Де статьяйы „Æфсарм куы фæдзуры", ды фыстай, Мæскуыйы рауагъд философион дзырдуаты ды кæй не ’ссардтай дзырд „æф- сарм". Уый диссаг нæу. Фæлæ æз не ’ссардтон „æфсарм"дзырд суанг Зæронд Фæдзæхсты дæр. Уый куыд бамбарын хъæуы? Æвæццæгæн уымæн, æмæ Библи фыст æрцыд рагон дзуттаг 183
æвзагыл, кæм нæй „æфсарм" дзырды кой. „Æфсарм" дзырд кæм хъуамæ уыдаид, уым ис фыст „зæрдæ". Цæвиттон: „Мæ зæрдæ мын уайдзæф нæ бакæндзæн æппæт мæ царды бонты (Иов. 27, 6). Библийæн иннæ тæлмацы (немы- цаг) ацы ран фыст у афтæ: „Нæ мын бауайдзæф кæндзæн ме ’фсарм". Бафиппайын æй хъæуы, Ног Фæдзæхсты „æфсарм" дзырд у фыст 27 хатты. ЧИФЫЛДÆРАХАДЫ? „...Матфейы Евангелийы фыст ис, зæгъгæ, Адæймаджы Фыр- ты, ома, Чырыстийы чи рафауа, уымæн хатыр уыдзæн, фæлæ Сыгъдæг Уды чирафауа, уымæн нæуыдзæн хатыргонд. Уæд цæмæн? Сыгъдæг Уд Чырыстийæ стырдæру миййаг?" Сыгъдæг Уд Чырыстийæ стырдæр нæу, фæлæ дзы къаддæр дæр нæу. Сыгъдæг Уд махæн æргом кæны тæригъæдтæ (Иоан. 16:8). Сыгъдæг Уд нын æрæмбарын кæны, фæсмон кæнын нæ кæй хъæуы, уый. Фæлæ, æвæдза, адæймаг зонгæ-зонын фауы Сыгъдæг Уды, уæд ма йæ чи æрфæсмон кæнын кæндзæн? Æнæ фæсмонæй та нæй хатыр. Ацы хъуыддагæн хорз æвдисæн у Чырыстийы ахуыргæнинаг Павел. Уый æгад, æдзыд кодта Чырыстийы ном, стæй ууыл дæр æгъгъæд нæ загъта, фæлæ ма йын фæйнæрдæм тардта Йæ ахуы- рады фæдыл цæуджыты дæр, æмæ йын хатыргонд æрцыд, уымæн æмæ не ’мбæрста, кодта сæ нæ зонгæйæ (1 Тим. 1:12). ÆРТÆ ФАРСТЫ ИУМÆ „...Бирæ хабæрттæ бакастæн æппæт дунейы доны хъаймæты тыххæй æмæ мæм афтæ фæкасти, цыма Библийы бæлвырд æвдыст нæ цæуы. Чи зоны, хъаймæт æппæтдунеон нæ уыд æмæ цæрæгойты иу хай аирвæзт. Ноджы ма сеппæты фаг бынæттæ 184
дæр кæм разындаид, æппæт цæрæгойы мыггæгтæн, абон зæххыл цасуынæм, уыимæ абаргæйæ. Стæй куыд рауад, фос сæхæдæг сæхи æгъдауæй куыд бахызтысты уыцы стыр наумæ, „ковчег" кæй хуы- дтой, уымæГ Фыццаджыдæр уый зæгъдзынæн, æмæ Библийы фыстытыл æууæндын алкæмæн дæр йæхи хъуыддаг у. Фæлæ раппæлинаг нæ дæ, Библийы фыстытыл сеппæтыл кæй не ’ууæндыс, уымæй. Дæ фарстытæн та сеппæтæн дæр дзуапп лæвæрд ис Библийы. Уым кæсæм: „Æмæ зæххыл æгæр арæхыл ныккалди дон, æмæ бæр- зонд хæхты сæр дæр акалди, арвы бын цыдæриддæр ис, уыдон сеппæты сæрты. Æмæ йæ цард аскъуыд зæххыл змæлæг АЛЫ буарæн дæр, - маргъæй, фосæй, сырдæй, алымыггаг æнаккаг зулкъæй æндæрæй, стæй адæмæн дæр. Удæгасæй ма баззадысты æрмæст Ной æмæ йемæ науы чи уыдысты, уыдон" (Райдайæн. 7:19-21). Уый дæ нæ уырны? Уæд дын куыд баххуыс чындæуа, дызæр- дыг цæмæй мауал кæнай, уымæн? Мæ бон дын бæлвырдæй зæгъын æрмæст уый у æмæ сур зæхх æмвæтæнæгæй доны бын куынæ фæцадаид, уæд Хуыцау Нойæн нæ бафæдзæхстаид нау аразын. Йæ асмæ гæсгæ нау æгъгъæд уыд, цас хъæуы, уый бæрц фос дзы бакæнынæн. Уыимæ ма рохгæ- нинаг нæу, дыууæ куыдзæй равзæрдысты куыйты мыггæгтæ сеппæт дæр, абон зæххыл чи цæры, уыдон. Дыууæ бæхæй рацы- дысты алыхуызон бæхты мыггæгтæ. Уæдæ куыд хъуамæ уыдаид æндæр? Дыууæ куыдзæй гæды дæр куыд райгуырдзæн? Де ’ртыккаг фарст: фос наумæ сæхæдæг сæхи æгъдауæй куыд бахызтысты, зæгъгæ, уым дæр та Хуыцауы фæндагыл цæлх- дуртæ æрæвæрдтай, ферох дæ вæййы - Хуыцау æппæтхъомыс- джын у æмæ Йын цыдæриддæр æнтысы, Хуыцау, чи зоны, тас бауагъта фосы удты æмæ сæхæдæг сæхи æгъдауæй згъордтой наумæ, аирвæзыны тыххæй сын кæй сарæзтой, уырдæм. 185
РАСТУУЫЙ? „...Чырыстон Америчы цæуылнæ исрæстдзинад, цæмæн кæсынц урсцъар адæм тæссармæ æнæрввæссонæй негртæм, кæд æмæуыдон дæр чырыстон сты, уæд? Уæлдай фыдцæстæй та сæм акæсынц, негр урсцар адæмæй ус куы ракуры, уæд. Æмæ аргъуан нæ цæуы уыцы хъулондзинады ныхмæ. Цымæ афтæ æмбæлыГ Библийы ницы амынд ис урсцъар чырыстæттæн негримæ къайады цæуын æмбæлы, æви нæ, уый тыххæй. Адæймаг нæ, фæлæ Хуыцау байуæрста дунейы дзыллæты расæтыл æмæ хицæн æвзæгтыл. Фыстæджы æвдыст у сæйрагдæр хъуыды: Йесо Чырыстийыл чи æууæнды, кæй уырны, уыцы кувæг адæм СЕППÆТ дæр сты иу зондахастыл хæст. Æрмæстдæр Чырыстийы, иунæг Чырыстийы фарнæй уыдзысты адæм æфсымæртæ æмæ хотæ, æнæ иу фæцухæй сеппæт дæр - сауцъарæй, урсцъарæй, бурæй, морæйæ, хъауджыдæр нæу. КУЫД ХЪУАМÆ РАУАД АФТÆ? „...Куыдрауади афтæ, æмæ Чырысти кæй аирвæзын кодта æмæ йæ къæхтæ кæмæн цæхсадта донæй, уыцы Иудæ фæиппæрд æмæ фесæфтТ Æз та дæу бафæрсинаг дæн, цæмæй зоныс Иудæ ирвæзт уыд, уый? Чырысти Йæ ахуыгрæнинæгтæн афтæ куы загъта: „Дыу- уадæсæй уæ нæ равзæрстон? Фæлæ уæ иу дæлимон разынд, „фæлитой" (Ин. 6:70). Уæдæ уæд Иудæ уыди дæлимон, Йесойыл гадзрахатæй рацæуыны размæ дæр æмæ йæ Чырысти никуы асы- гъдæг кодта йæ тæригъæдтæй, æмæ йын йæ къæхтæ кæй цæхсадта донæй, уый дæр уымæн ницы баххуыс ис. 186
НАУКÆ НЕ СЫРÆЗЫД УЫИ ОНГ „...Мæ зæрды дæ уымæй бафæрсын уыд, куыд ныккалдысты Иерихоны къултæ трубаты зæлангæй, Библийы кæй амонынц Йесо Навины чиныджы, уыдон? Абон уынæм, турбинæджын хæдтæх- джыты гуыр-гуырæй къултæ нæ кæлынц, афтæмæй уæды заманы къулты фидарæн ныртæккæ æмбал дæр куы нæ ис. Раджы нæм диссаг цы касти, уый абон хуымæтæджы æмбарын кæны наукæ. КуыдГ „Наукæ мах фæндиаг уæлиау нæма сырæзт, цæмæй нын бам- барын кæна Хуыцау цы алæмæты диссæгтæ арæзта æмæ аразы, уыдон. Библи дæр афтæ нæ амоны, Иерихоны къултæ трубаты зæ- лангæй ныккалдысты. Трубаты зæланджы рæстæджы ныккал- дысты - уый æндæр хъуыдцаг у. Чи зоны, уыдаид афтæ дæр, æмæ Хуыцауы фæндæй зæхх ныррызт, нынкъуысти, цæмæй Израилæн йæ куывдæн дзуаппæн лæвæрд æрцæуа муртатты горæт. Куыд зонæм, афтæмæй Иери- хон та цæры зæххæнкъуысты арæныл, Ази æмæ Гималайы сæрты Тибетмæ ахизæны хаххыл. Наукæйы руаджы алы диссаг бамбарын кæнæн нæй, уымæн æмæ æрдзы закъонтæ сеппæт махæн зындгонд не сты. Диссаг кæддæриддæр диссагæй баззайы. Диссаг та уынæм нæ алы къах- дзæфæн дæр, атомы арæзты дæр æмæ зайæгойты мыггаджы дæр. Бирæ цыдæртæ ма нæ зонæм æрдзы мидæг æмæ сеппæт дæр махæн диссаг сты, уæдæ цы. Нæ цардæн йе ’ртыццаг хай кæнæм фынæй, афтæмæй ахуыр- гæндтæн ныры онг сæ бон нæма баци фын раиртасын. Мах цæрæм дун-дунейы тыгъдады æмæ рæстæджы, фæлæ цы у тыгъдад æмæ рæстæг? Наукæйы бон нæу уый раиртасын? Чидæриддæр зоны, уазал кæй æрбалвасы алцы дæр, алы дзау- ма æмæ дон дæр, фæлæ дон ноджы уазалдæр кæнгæйæ, цæмæн райдайы нæрсын æмæ дзы куыд рауайы их? Уый дæр нæма базы- дта наукæ. Цæвиттон наукæ куыд тыхджындæр кæны, афтæ къаддæр 187
нæ, фæлæ фылдæр кæнынц æнæбæрæг сусæгдзинæдтæ, нырма раргом кæнын кæй хъæуы, æрдзы уыцы диссæгтæ. Дæу базонын фæнды, Иерихоны къултæ цавæр тых ныппырх кодта, уый. Дæттын дын хуымæтæджы дзуапп: Хуыцауы тых. Хуыцауæн Йæ бон алцыдæр у. Æрмæст Йе сдзырдæй дæр нырри- зы зæхх. Археологтæ ссардтой Иерихоны хæлд къултæ æмæ æмхуы- зонæй æнæгуырысхойæ зæгъынц, горæт пырхгонд кæй æрцыд зæххæнкъуыстæй. Æмæ сымахмæ гæсгæ уымæй къаддæр кæны Хуыцауы диссаджы ахадындзинад? Æппындæр нæ. Уымæн æмæ зæхх дæр Хуыцауы фæндæй æнкъуысы. НОГАЗ „...Мæ æнæзонгæ хæлар! Бафæлвар ма уæдæ мæнæ ахæм фар- стæн дзуапп радтын: аргъуан амоны, нæ азфыстытæ райдайынц Чырыстийы Райгуырды азæй, зæгъгæ. Афтæмæй уæдæ цæуылнæ бæрæг кæнæм Цыппурс 1-январы, Ногбоны? Кæнæ та иннæрдæм- НогАзы бæрæгбон цæуылнæ райдайы 25 декабры?" Ног эрæйæн, ног азфыстæн сæрæвæрæн Чырысти кæй скод- та, уый чидæриддæр зоны. Бæрæггæнинагæй дзы ницы ис. Фæлæ Ног аз уæддæр нæ райдайы 25 декабры. Цæмæн? Ууыл ахъуыды кæнын мæ фæсонæрхæджы дæр никуы æрцыд, фæлæ Евангели куьгддæр байгом кодтон, афтæ дæ фарстæн дзуапп ссардтон. Бакæс ма Лук. 2:21, гъе уым фендзынæ Чырыстийы райгуырды хабар мæнæ афтæмæй: цæвиттон, Ноггуырдыл аст боны куы рацыд, æмæ хъуыддаг сунæт кæнынмæ куы æрхæццæ, уæд сывæллоныл сæвæрдтой ном Йесо, мады гуыбыны куы нæма бафтыд, уæд Ын Зæд цы ном саккаг кодта, уый, Йæ райгуырдæй аст боны фæстæдæр. Саргъуыдтой Йыл, куыд Йесо. Уыцы хабар, æвæццæгæн, æмæ æрцыди Иерусалимы аргъуаны, раздæр дæр нæ, фæстæдæр дæр нæ, фæлæ январы тæккæ фыццаг бон. Ахæм у йæ хъуыды, йæ нысан Ног азы бæрæгбонæн. Ууыл дыууæ зæгъæн нæй, чи кувы, чи нæ кувы, адæм 188
сеппæтæн дæр. Чырысти Хуыцауы хæс кæй æххæст кæны, куыд Йæ Фыды уæларвон минæвар, уый кæй нæ уырны, уыдон та азфыстытæ дæр хъуамæ ма нымайой Чырыстийы райгуырдæй. Фæлæ фактты ныхмæ æрæвæрæн ницы ис, æрлæууæн нæй, сæхæдæг сты сæхиуыл дзурæг, исчи сæ нымайы, æви нæ нымайы, уымæ нæ кæсгæйæ. Чырыстон адæм Ногбоны бæрæгбон бирæ арфæтæ фæкæ- нынц, чи аивгъуыдта, уыцы азæн æнæфыдбылыз, æнæзианæй сыл кæй ахицæн, уый тыххæй. Ног азмæ та кувынц ног хæрзтæм, ног бæркæдтæм, циндзинæдтæм, цæмæй сын Хуыцау хай кæна Йе стыр фарнæй. ЦЫ У ÆЦÆГ ЦИНДЗИНАД? „...Мæнмæ гæсгæ цард махæн лæвæрд у цинæн, зæрдæрухсæн æмæ дзы исын хъæуы, амал æмæ гæнæнæй цыдæриддæр дæ бон у, уыдон. Фæлæ кувæг адæмæй бирæтæ сæхи куыд зæрдæсастæй, æнкъардæй æвдисынц, уый царды нысан нæу. Уыдон сеппæт дæр мæнмæ зынынц тæригъæддаг, мæгуырхуызæй æмæ уæвгæ дæр сты амондхъуаг. Мæнмæ тынг диссаг кæсы, ды куыд æрæвæрдтай дæхи уыдоны æмрæнхъ. Цы дæ æртардта ахæм уавæрмæ?" ÆЗ МÆХИ уыцы адæмы рæнхъы æрæвæрдтон, зæгъгæ, мæ афтæ банымайæн нæй. Æз æввахс балæууыдтæн Чырыстимæ. Уыцы зæрдæйыуаг мæм фæзынди Чырыстийы уарзондзинады ахъазæй. Æнкъард æмæ мæгуырхуыз уыдон сты, Чырыстийыл æххæс- тæй чи не ’ууæнды. Фæлæ Йын аргъ чи кæны, зæрдæбынæй Йыл чи æууæнды æнæ дызæрдыгæй, уыдоны цæсгæмттæ та сты рухс сæ зæрдæйы рухсæй, цыма сæ цæстытæй худынц, уыйау. Царды циндзинадыл куы дзурæм, уæд алыхуызон уыдзæн нæ хъуыды, алыхуызон нæ цæстæнгас. Æмæ цин дæр кæнæм алы хуызы. Ды кæй тыххæй фыссыс, дæ цард кæй тыххæй радтис, зæгъ- гæ, уый цыбырæмгъуыдмæйы цин у, „аслам" цин. Йæ фыды 189
хæдзарæй чи сыстад æмæ чи адзæгъæл, уыцы фырт дæр бæргæ кодта цин, дзагармæй куы араст æнæбæрæг ранмæ, уæд. Фæлæ куы сæххормаг, уæд йæ цин цæссыгæй раивта. Циндзинад тынг æхсызгон æнкъарæн у, фæлæ æвдыст цæуы алы хуызы. Æцæг цин хъæздыгдзинады мидæг нæй, кæнæ кады, цыты, нæуæд æхсызгондзинады. Соломон бонджын лæг уыд, йæхи ницы хъуаг уагъта, аскъæрдта цъæхсæр галуантæ, ныс- сагъта уæрæх сæнæфсирдæттæ, æнæнымæц дыргъбæлæстæ, æрцахста парахат хъæды къохтæ, сарæзта донмарæнтæ, баххуы- рста лæггадгæнджытæ, бамбырд кодта бирæ хæзнатæ æвзистæй, сызгъæринæй, суанг ма йæм зарæггæнджытæ дæр фæзынд нæлгоймагæй, сылгоймагæй. Уæдæ йын устытæ дæр арæх, амæй ай рæсугъддæртæ. „Æмæ фæстæмæ акастæн ме ’ппæт фыдæбæт- тæм, - дзуры Соломон, - мæхи къухæй кæй фæкодтон, уыцы фæллæйттæм æмæ цы? ТЫХСТ ÆМÆ УЫРЫД, ИУДАДЗЫГ ФÆЛЛАД"... Сæ пайда та цы у арвы бын! Цы федтон цы удæнцойæ?! (Екл. 2:4-11). Æцæг циндзинад ис уд ирвæзын кæныны хъуыддаджы. Æмæ дин ныфсджын куы нæ вæййы, уд аирвæзын кæнынмæ, уæд ахæм адæймæгтæн сæ цæсгæмттыл разыны сæ мæгуырдзинад, æмæ куы бакæсай, уæд сты æнкъард, æмпылдхуыз. Евангели та йæхæдæг цины хабар у, ома, „Чырыстийыл чидæриддæр æууæн- ды, сеппæтæн дæр уыдзæн æнусон цард" (Ин. 3:36). Æз мæхæдæг уыцы циндзинад бамбæрстон æрмæстдæр уæд, куы баууæнды- дтæн Чырыстийыл, куы æркуывтон Йæ къæхты раз, мæ зонгуы- тыл лæугæйæ. Павел æмæ Силæ та цин кодтой ахæстоны, æфсæн хъада- мантæ сæ къæхтыл дзыгъал-мыгъулгæнгæ. Римы дæлзæхх ахæс- тонæй апостол фыста: „Цин кæнут Хуыцауы мидæг! Æмæ ма уын зæгъын ноджыдæр: цин кæнут!" Иерихойнаг къаннæг дзут- таг, Закхей, зæгъгæ, цин кодта æнусон цинæй, йæ хæдзары хуынд сарæзта Чырыстийæн. Чи Йыл æууæнды, уыдонæн Чырысти загъта: „Мæ цин сымах зæрдæмæ бахиздзæн æмæ уæ цин бынтон æцæг цин суыдзæн" (Ин. 15:11). Кæд? Йе ’цæг дунейы нæ, ам зæххыл, мах Чырыс- тийы мидæг куы стæм, Чырысти та мах мидæг, уæд. 190
Уæдæ цæулнæ цин кæнынц чырыстæттæ сеппæт дæр Хуы- цауы мидæг? Чырыстонæн йæ æцæг цин сусæгæй æнæсхъæрæй хуыснæгау давы тæригъæддзинад. Дæ тæригъæдæй куы фервæ- зай, уæд сраст уыдзынæ Хуыцауы раз, фæфæсмон кæндзынæ Давиды хуызæн, - æмæ дын Хуыцау фæстæмæ уайтæккæ дæр дæ удыл сæмбæлын кæндзæн ирвæзыны циндзинад (Пс. 50:14). Фæлæ ма ис ноджыдæр циндзинад, - æппæт циндзинæдтæн æмбæрзæн. Уый уыдзæн Чырыстиимæ фембæлд Йæ дыккаг æрцыды. Цин кæндзысты, æнхъæлмæ Йæм чи кæсы, уыдон. Нæ цæстысыгтæ нын асæрфдзæн Йæ къухæй (Откр. 7:17). Цавæр цæссыгтæ? Цины цæссыгтæ? Нæ зонын. Чи зоны, хъыджы цæс- сыгтæ, азæххыл цæргæйæ, куыд хъæуы, афтæ кæй нæ базыдтам цин кæнын Хуыцауы мидæг, уый тыххæй. Æцæг циндзинад, мæ хæлар, ды æрмæстдæр уæд бамбар- дзынæ, Чырыстийыл æцæгдзинадæй куы баууæндай, æцæгдзи- надæй дæ куы бауырна, дæ уды Ирвæзынгæнæг у, уый. ФАРНЫ ХÆС „...Аст азы фæкастæн диссагæн дæ фарстытæ журнал „Новая Заряйы". Сахуыр сыл дæн. Ныр та бакастæн дæ газет æмæ мын тынг æхсызгон у, æгайтма та дæ фæрнæйдзаг куыстмæ бавнæл- дтай. Фæлæ курын æмæ мын дзуапп радт мæ фарстæн: „Цæмæн бахауди Чырысти Иерусалиммæ, рагагъоммæ куы зыдта, дзуттæг- тæ Йæ байтындздзысты, уый, уæдГ Дзуапп дын ратдзынæн хæрз æнцонæй. Чырысти Иерусалим- мæ цыди æргомæй. Æмæ Йыл Иерусалимы цы сæмбæлд Куадзæ- ны размæ, уый Йын æнæнхъæлæджы нæ уыд. Тынг хорз зыдта, Иерусалимы Йæм хъизæмæрттæ кæй æнхъæлмæ кæсынц, уый. Æмæ рагацау Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта: „Мæнæн цæугæ у Иерусалиммæ". Иерусалиммæ Чырыстийы бацыд нысангонд уыд Хуыцауы пъланы дæр. Чырысти нæ фæзивæг кодта барвæн- донæй стыр хæс райсын - дзуарыл тыгъдæй адæмы тæригъæдтæ Йæхимæ райсын, дунейы фервæзын кæныны сæраппонд мæр- 191
дтæм бацæуын. Гъе, уый уыд Йæ нысан зæхмæ æрцæуыны тыххæй. ГИГАНТ-ГУЫППЫРСАРТÆ „...Библийы фыст æрцыд, нывгæнджытæ та йын йæ ныв сарæзтой æвирхъау стыр Голиафæн, Давид кæимæ бацыд хъæбыс- хæсты æмæ кæуыл фæтых, уый. Ноджыма Библийы фыссынц, Йесо Навин Ханааны бæстæ бæрæггæнæг кæй арвыста, уыдонуыцы кæй- дæр бæстæйы цы æнахуыр стыр адæмты федтой, Енакы фырттæ, уыдоны тыххæй; сæ цуры, дам, мæлдзыджы йас дæр налуыдыстæм. Æмæ мæм ахæм хъуыды æрцыд: цымæ уыцы æвирхъау гуып- пырсарты тыххæй абон цæуылнæ исты зонынц археологтæ? Исты миййаг, милуан азы размæ куынæ цардысты, фæлæ æдæппæт 3-4 мин азы размæ...?" Æртæ-цыппар мин азы - уый æртæ, цыппар сæдæ азы нæу. Цыппар мин азы чысыл æмгъуыд схонæн нæй. Æмæ археологтæ бирæ цыдæртæ нæма ссардтой, цытæ сæ ссарын хъæуы, стæй сæ нырма ссарын цас хъæуы, уыдонæй. Æз мæхæдæг бирæ истытæ нæ зонын археологийæ, фæлæ кæддæр газеты бакастæн, немыцаг археолог Далман 1918 азы кæй ракъахта амайгæ ингæн Иорданы зæххыл æмæ марды стджытæм гæсгæ сбæрæг кодта, уыцы адæймаг кæй уыд æвир- хъау стыр. Чи зоны æмæ уый уыдаид уыцы гуыппырсартæй, Енакы фырттæй иу. Йесо Навины æрвыст бæрæггæнджытæ кæй федтой кæйдæр бæстæйы, уый та, чи зоны æмæ сыл æрцыд уырыссаг æмбисонд „Тарсты цæстытæ стырдæр вæййынц". Библи та æвдисы, Навины æрвыст лæгтæ цы загътой, уый, йæ бæлвырддзинад ын не сбæрæг кæнгæйæ. Кæд æмæ абон кæцыдæр адæмымыггæгтæ æмæ æнæхъæн адæмыхæттытæ зонæм асæй хæрз чысылтæ, карликтæ кæй хонынц, ахæмтæ (Африкæйы), уæд цæуылнæ уыдаид зæххыл иуыл стыр адæмы мыггæгтæ, æрдхæрæны гуыппырсартæ? 192
Арвы бын цæмæндæриддæр уæвæн ис, æрмæст мах сеппæт диссæгтæ нæ зонæм. „САБАТВÆНДАГ" „...Апостолты хъуыддæгты чиныджы афтæ фыст ис, зæгъгæ, дам, уыцы ахуыргæнинæгтæ Иерусалиммæ æрбаздæхтысты Елео- ны хæхтæй. Хох та Иерусалимæй у сабатвæндаджы бæрц дарддæр (Ц.А. 1:12). Куыд бамбарæн исуый?" Библийы дзырдуæттæн сæ хуыздæрты цы дзырд амынд ис „сабатвæндаг", зæгъгæ, уый Иудейы нымадтой æрмæринæй, ома, цонг рæмбыны къæдзы онг. Афтæ баргæйæ „сабатвæндаг" у дыууæ мин æрмæрины, абоны барæнтæй - 900 метры, кæнæ иу километрмæ æввахс. ЧИ ÆРХЪУЫДЫ КОДТА? „Фæнды мæ базонын, чи æрхъуыды кодта дин? Уымæй дæр ма бирæ алы хуызы динтæ? Мæнмæ гæсгæ æнæджæлбетт мæнгард адæм, искæйы бæрзæйыа бадгæ дзæнæтмæ баирвæзынвæнд чи кæны, ахæмтæ. Дин æрхъуыды кодтой сауджынтæ æмæ йæ махмæ æрбаивылын кодтой дзуттæй, фæлæ ныр йæ кæрон æрхæццæ". Дин сауджынты æрхъуыдыгонд нæу. Уымæн æмæ сауджын- тæ нæ уыдысты нæдæр Мойсей, нæдæр Чырысти, нæдæр Мæхæ- мæт, нæдæр Буддæ. Уыдонæй сæ иу дæр сауджын нæ уыд. Дæ зæрдæйы чи нæ равзæра, уый йедтæмæ искæйы фæрцы ныхæст дины тыххæй йæхи мæлæтмæ ничи ратдзæн. Æмæ уæдæ куыннæ! Дин сауджынтæй аразгæ куы уаид, уæд махмæ советон Уæрæсейы иунæг дингæнæг дæр нал уаид, адæм æмхуызонæй афонмæ суыдаиккой æнæуырнæг. Фæлæ цард йæхионтæ кæны, Евангели æмбарынгæнджыты цас фылдæр 193
ахæстæттæм æппарынц, уыйас фылдæрæй фылдæр дзыллæ се ’ргом здахынц, Хуыцаумæ. 1920-æм азты цы сидт рауагъта хицауад, „Сауджынты ныццæгьдут æмæ дин фесæфа", зæгъгæ, уымæй ницы рауад, фæсыкк йæ хъуыддаг. Уæдæ кæд равзæрди дин? Дин зæххыл фæзынди фыццаг адæймагимæ æмрæстæджы. Йæ алфамблай æрдзыл афæлгæс- гæйæ, арв æмæ зæххы алæмæты рæсугъддзинæдтæм акæсгæйæ, адæймагæн фырæхсызгонæй æнæ схъæргæнгæ нæ уыд: „цы дис- саджы рæсугъддзинæдтæ уынын!... Фæлæ цымæ кæцæй фæзын- дысты атæппæт диссæгтæ?" Ууыл сагъæс кодта фыццаг дуджы рагон адæймаг. Ууыл хъуыды кæнынц абоны дуджы адæм дæр. Дины зондахаст лæгмæ куыд равзæрд, уый æмбисонды бæлвырд сныв кодта англисаг поэт Мильтон йæ номдзыд поэмæ „Сæфт дзæнæт" („Потерянный рай"), зæгъгæ, уым. Уыцы уацмы- сы Адам зæдты хистæр Рафаилæн дзуры, арф кæрдæджы астæу лæугæйæ, фыццаг хатт йæ цæстытæ куыд байгом кодта æмæ йæ алыварс дуне куыд рæсугъдæй федта, уыдæттæ. Адамæн йæ фыццаг фарст уыд: „чи сфæлдыста уыдон? Кæцæй сты?" Милуан ахуыргонды дæр мæ уырнын кæнæнт, дунейыл дон нæй, дон хъæздгуытæ æрхъуыды кодтой сæхи пайдайæн, фæлæ дойныйæ куы сæфон, уæд мæхæдæг агурдзынæн мадзал мæ дойны басæттынæн. Уадз, æмæ дзурæнт, хæринаг пъовыртæ æр- хъуыды кодтой, фæлæ мæнмæ хæрын куы æрцæуа, уæд мæхæдæг исты амал кæндзынæн мæхи бафсадынæн. Раст афтæ у йæ хъуыддаг динæн дæр, Хуыцаумæ кувынæн дæр. Кæд æмæ хъус ис, уæд зæллангæн дæр æнæуæвгæ нæй. Кæд æмæ рухс ис, уæд хъуамæ цæст дæр уа. Кæд æмæ адæммæ сæ Рафæлдисæджы ссарыны æнкъарæн ис, уæд æнæуæвгæ нæй Рафæлдисæгæн дæр. Нæдæр философи, нæдæр наукæ, нæдæр аивад никæйы бон у уыдонæй адæймаджы уды домæнтæ æххæст кæнын. Уый Йæ бон у æрмæст Хуыцауæн. Æмæ йæ кæнгæ дæр кæны. Уæдæ куыд цæрынц атеисттæ, æнæ динæй? Чи зоны, исчитæ 194
бафæрса афтæ. Æмæ уын дæттын дзуапп. Атеисттæ бынтон æнæ динæй цæрынц, ууыл æууæнк нæй. Тынг дзæбæх сæ уырны дин. Фæлæ йæ æххæст кæнынц уæлæнгæйтты, æнæ æддæмæ æвдисгæ- йæ, æнæ схъæрæй, Хуыцауæн æргом нæ кувынц, афтæмæй. Дуне æмæ адæймаджы рафæлдысты тыххæй та цавæр таурæгъыл, цавæр аргъауыл не ’ууазндынц, ахæм нæй. Æрмæст сæ бон ницы у бæлвырд бацамонын, афтæ цæмæн у, кæнæ афтæ цæуылнæ у. „Адæймаджы уд та чырыстон уæвын рахаста æрдзæй". Уый зонын алкæмæн дæр у афон. Уæдæ цæуылнæ æмбарынц уый чырыстæттæ се ’ппæт? Удæн радтут сæрибары фадат æмæ йæ цæстæнгас æнæмæнг азилдзæн Хуыцаумæ, ссардзæн Æй æмæ Йæм æрцæудзæн. УЫЙЦЫАМОНЫ? „..Æрæджы райстон хуынды гæххæт иу аргъуанæй æмæ мæ дзы хъуыддæг ницыуыд, мæ гыццылæй нырмæ кæдХуыцауæн кувæг дæн, уæддæр. Фæлæ хуынды гæххæтты „Райхъалгæнæн Æмбырд- мæ", зæгъгæ, амынд кæй уыд, уымæ гæсгæ ацыдтæн цымыдисæй, ахæм Æмбырд цы амоны, уый бамбарынмæ. Адæм сеппæт сæ зон- гуытыл куы æрлæууыдысты æмæ сæхи мидæг кæуыныл куы схæцыдысты, сыбар-сыбур гæнгæ, уæд сыстадтæн æмæрацыдтæн, цы хабар у, уый нæ бамбæрстон, афтæмæй. Æмæ фæрсын: цы амоны, цы у „Райхъалгæнæн æмбырд?" Нæ зонын, цавæр аргъуанмæ бафтыдтæ. Чи зоны, искæцы адæмы хаттæн сæхи æгъдæуттæ кæм кодтой, ахæм ранмæ, æви æндæр исчердæм. Уæвгæ та ис, сæ куывд сабырæй кæм нæ кæнынц, ахæм аргъуантæ. Кувыны рæстæг адæм базмæлынц, басыбар-сыбур кæнынц. Францусаг Евангели амонæг ахæм аргъуанты æмбырдтæ хуыдта „Шипучка". Чырыстийы ахуыр- гæнинаг Павел та уыцы хуызы хъæлæба хуыдтæ æнæхъоладзи- над. „Ахæм заман уæм дин не ’мбарæг адæм бафтыд, кæнæ æнæуырнæг, уæд цымæ цы фенхъæл уаиккой: уæ зонд фæцыд, æви цæуыл сабухтат?" 195
Евангелийы ис ахæм термин „уды райхъал кæнын". Дæу хуызæн бирæ æндæр чидæртæ æнхъæл сты, Хуыцауыл йæ чы- сылæй фæстæмæ чи æууæнда, уый уд райхъалгæнинаг нæу, зæгъгæ. Хъалгæнинаг сты, Хуыцау кæй нæ уырны, ахæмтæ. Хъуыддагæй та афтæ нæ цæуы. Хуыцауыл чи не ’ууæнды, уыдоны удтæ райхъалгæнинаг нæ, фæлæ райгасгæнинаг сты цардмæ. Райхъал та хъæуы, йæ уд рæдзæ-мæдзæ кæмæн кæны, хъал дæр кæмæн нæу æмæ фынæй дæр - гъе, уыдоны. Йæ уд фынæй кæмæн нæу, уымæн йæ бон у иннæйы райхъал кæнын. Иуæй-иутæ Аргъуаны æмбырды дæр фынæйау вæййынц, æвæц- цæгæн уымæн, æмæ динамонджытæ сæхæдæг райхъалгæнинаг вæййынц. Уæдæ цы амоны уд райхъал кæнын? Дины кадджын лæг Чарльз Финней уыцы фарстæн ахæм дзуапп радта: „Уд райхъал кæнын амоны Хуыцауæн коммæ кæсын райдайын, адæймаджы зæрдæ бацагайын, рыджы муры хуызæн Хуыцауы къæхты бын йæ зонгуытыл куы æрлæууа, æмæ йæ тæригъæдтæ асыгъдæг кæныны тыххæй куы æрфæсмон кæна, уый. Уды райхъал кæнын уый амоны, æмæ Хуыцау Йæ хъару æвдисы, тæригъæдтæ сыгъдæггæнæг хъару, хатырдзинады хъа- ру, кæй ирвæзын кæны, уыцы удæн. Уды райхъал кæнын у кувæг адæймаджы зондахаст ивыны æвдисæн, уыцы хъуыддаджы Хуыцауы стыр тыхы æвдисæн, куыд хицæн уырнæджы уды, афтæ æнæхъæн аргъуаны куысты дæр". Махæн нæхи бон нæу нæ уды райхъал кæнын. Ахæм хъаруйы хицау у æрмæст Хуыцау Йæхæдæг. Нæхæдæг та, афтид голлаг хъен куы лæууа уымæй уæлдай ницы стæм. Ахæм уды хъалгæнæн Æмбырдтæ ныртæккæйы рæстæгæй æхсызгондæр бæргæ никуы хъуыдысты, æмæ сæм цæуын дæр хъæуы чырыстæтты се ’ппæты дæр. ЦЫ БАКÆНЫН ХЪÆУЫ? „..Æз бирæ бакастæн дæ фыстытæй, æмæ дзы амбæлдтæн иу ахæм сæргондыл „Цы бакæнын хъæуы?" Зæгъыс, - фæсмон. Кæд 196
гæнæн ис, уæд ма мын бæлвырддæр бамбарын кæн уыцы фарста. Фæсмон чи фæкодта, уыдоны ’хсæн цæмæн ис хæлæгдзинад, хæрам, хиуарзондзинад?". Адæмы æхсæн æвзæртæ чысыл нæй, уый зоныс. Уыдоны дæр æрфæсмон хъæуы сæ галиу митыл. Æмæ уый сæрмагондæй мæ уынаффæ, миййаг, нæу. Уый амынд у Библийы. Аргъуан адæ- мыл сеппæтыл йæ зæрдæ нæ дары, æнæтæригъæд сты, зæгъгæ. Аргъуан сиды ахæмты ирвæзын кæнынмæ. Æмæ, Хуыцауæн кад, йæ фыдæбон дзæгъæлы нæу. Цы бакæнын хъæуы, зæгъгæ, уыцы фарстæн дзуапп лæвæрд æрцыд, фæлæ ма йæм бафтауын æмбæлы: „Мах хъæуы Хуыцауы базонын æмæ Йемæ баиу уæвын" (Осия 5:6, 4:1). Уый уыдзæн æцæг рухсады æмæ хъомылады куысты фæрæз, цæмæ бæллæм æмæ цæмæ сидæм, ахæм хотых. Адæймаджы ссæрибар хъæуы дызæрдыггæгтæ æмæ æнæу- уæнкдзинадæй. Хуыцауы тыххæй зонын, æмæ Хуыцауæн Йæхи базонын иу не сты. Хуыцауы зонæн ис æрмæст Йæхи Ныхасы фæрцы, Библийы ныхæстæ æппын æнæ халгæйæ, æнæ зыгъуым- мæ фæлдахгæйæ. Фæсмон сисы тæригъæды аххос. Фæлæ адæй- маджы бынтон сыгъдæг, бынтон æнаипп нæ кæны. Уымæн сæм- бæлæм уырнæг адæмы æхсæн гуырысхогæнджытыл. Уыдоны æрæууæндын кæнынмæ, сæ удтæ сын дызæрдыгдзинадæй ссæри- бар кæнынмæ куывта Ап. Павел (Еф. 1:17). Кувæм ууыл мах дæр. КУЫД РАЙГАС УЫДЗЫСТЫ НЕГРТÆ „...Библи амоны, зæгъгæ, мæрдтæй чи райгас уа, уыцы уырн- джытæн сæ буар уыдзæн, Чырыстийæн Йæ райгасы фæстæ куыд уыд, афтæ. Уæдæ уæд негртæ сæ райгасы фæстæ хъуамæ урсцъар уой, нæ?" Буары хуызыл куы дзурæм, уæд, æвæдза, Чырысти Йæхæдæг дæр ирдцъар нæ уыд. Хурскæсæны ’рдыгæй цæрджытæ æмхуы- зонæй дæр саулагъз сты. Фæлæ хъуыдтаг уый мидæг ис, æмæ 197
рухсы закъонтæ сеппæт мах нæ зонæм, уæлдайдæр та мæрдты райгасы фæстæ цы закъонтæ уыдзæн, уыдон, уæлдайдæр та Чы- рысти уырнæг адæмæн Хур куы суа, уæд цавæр закъонтæ фæзын- дзæн, уыдон. Ныртæккæ уал наукæйæн зындгонд у æмæ рухсы тынты гуцъула (спектр) негры буар иуæрдæм февдисы урсæй, иннæр- дæм æй куы азилай, уæд та дæм разындзæн сауæй, мæнæ иуæй- иу дари хъуымац дыууæрдæм куыд ферттивы рухсмæ, афтæ. Уæвгæ та, зæгъæн ис, мæрдтæй райгасы фæстæ буары хуыз цавæрфæнды куы уа, уæддæр ницæуыл дзурæг у, ницы ахаддзæн, стæй та зонгæ дæр нæ кæнæм, мæрдтæй чи райгас уа, уымæн йæ буар цы æнгæс уыдзæн, уый. Уынаффæ дын кæнын ныууадз ацы фарста мæрдты райгасы онг. Сæйрагдæр у Хуыцауы фæндæй райгуырын, Хуыцауы фар- нæй хайджын фæуын, цæмæй уай Чырыстиимæ иумæ райгасы аккаг æмæ райгас уай Йемæ. ЗОНЫНДЗИНАД НÆ ИРВÆЗЫН КÆНЫ „...Пилат адæмæн Чырыстийы тыххæй загъта: „Аххосджын нæ дæн ацы Рæстгæнæджы Туджы". Диссагу, Пилат кæцæй базыдта, Чырысти Рæстгæнæгу, уыйГ Кæд ма, Библи кæсгæйæ, уæ зæрдыл лæууы, Пилаты ус йæ лæгæй цы куырдта уый: „Ма бакæн фыддзинад ацы Æнæтæ- ригъæдæн. Хъизæмар бирæ фæкодтон мæ фыны Уый тыххæй..." Дызæрдыггаг нæу, Пилат æнæмæнг баууæндыдаид йæ усы ныхасыл, куыд æвдисæн, фæлæ хъыгагæн хъуыддагæй нæ рав- дыста йæ æууæнк æмæ - байсæфт! Уый ма ноджыдæр иу æвдисæн, æцæгдзинад зонын адæй- маджы кæй нæ ирвæзын кæны, уымæн. Дæ бон у æмæ Евангели зонай къæрц-къæрцæй æмæ уæддæр фесæфай, бабын уай. Пилат Чырыстийы схуыдта Рæстгæнæг, - æмæ фесæфт, Пётр та Чырыстийыл зын сахат йæхи атигъ кодта æмæ баззади Йæ кадджындæр ахуыргæнинагæй. 198
Пилат ныддур кодта йæ зæрдæ, цæхсадта йæ къухтæ донæй (дины æгъдаумæ гæсгæ), Пётр та йæхи судзгæ цæссыгæй æрæх- садта, фæфæсмон кодта, афтæмæй æрцыд Чырыстимæ æмæ йын Уый бахатыр кодта йæ тæригъæдтæ. УЫМÆН ÆЗ НИЦЫ ЗОНЫН „...Аргъуанмæ куы бацæуай, уæд Евангели кæсынц славянты æвзагыл. Адæм сеппæт уый не ’мбарынц. Æмæ мæ базонын фæнды, Аргъуан йæ куыст хуымæтæджы раст уырыссаг æвзагæй цæуылнæ кæны, адæм æй сеппæт дæр æнцонæй куыд æмбарой, афтæ?" Уымæн æз ницы зонын. Уый тыххæй алчи йæхи сауджыны бафæрсæд. Евангели у нæ Хуыцауыхай Йесо Чырыстийы амынддзинæ- дты фæрнæйдзаг чиныг æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хуымæтæ- джы раст æвзагæй æнцондæр æмбарæн уаид алкæмæн дæр. Уый фæрцы адæм арфæгонддæрæй цæуиккой аргъуанмæ Уæрæсейы кæмдæриддæр. САУДЖЫНТЫ ХИСТÆРЫ ТЫХХÆЙ „...Бамбарын ма мын кæн, дæ хорзæхæй, цы у, цы архайæг у сæйраг Сауджын, алчер кæй хонынц, уый? Цæмæй æндæрхуызон у иннæ сауджынтæй?" Фыццаг, кæнæ хистæр, науæд сæйраг сауджын-алчер райди- анты уыди алы аргъуанты сауджынты сæргълæууæг. Æрмæст уымæй хицæн кодта сæйраг сауджын, алчер æмæ йын лæвæрд цыди аргъуаны рæбинагдæр, сыгъдæгдæр, кад- джындæр кувæндонмæ бацæуыны бар. Цыбыр дзырдæй, хистæр сауджын уыди Йесо чырыстийы фидæны сурæт (Евр. 5:5; 4:14). 199
ЦÆМÆН? „...Дæ хорзæхæй, бамбарын ма мын кæн, чырыстон уæеыны тыххæй аргъуанмæ цæмæн хъæуы цæуын?" Цæмæй чырыстон уай, уый тыххæй райгуырын хъæуы уæл- дæрæй, Хуыцауæй. Уый фыццаджыдæр. Зæрдæмæ арф исын хъæуы Чырыстийы („Чи Йæ айста, æмæ Йыл чи æууæнды, уыцы уырнæг адæмæн радта Хуыцауы хъæбултæ уæвыны бар" Ин. 1:12). Чи сты уыцы чырыстæттæ, тугæй нæ, буары фæндонæй нæ, лæджы фæндонæй нæ, фæлæ Хуыцауæй чи райгуырд, уыдон? (Ин. 1:13). Адæймаг æцæгдзинадæй чырыстон куы свæййы, уæд мах фарстæн йæ дзуапп цæттæ. Афтæ нын зæгъдзæн: „Мæн ар- гъуанмæ фæнды. Æз аргъуан уарзын, Хуыцауы сывæллæтты уарзын, адæм, ома, ме ’фсымæртæ Хуыцаумæ мæ хуызæн кæм кувынц, мæ хуызæн Хуыцауыл кæм æууæндынц, мæ хуызæн Ын лæггад кæм кæнынц, уырдæм цæуын мæнæн у æхсызгон". Чырыстон уæвгæйæ, Чырыстийы ахуыргæнинаг уæвгæйæ, Чырыстийы аргъуанæн æнæ уарзгæ ницы хуызы ис. ЧИ РАФÆЛДЫСТА ХУЫЦАУЫ? „...Цæмæйдæриддæр дæ ма бафæрсай, алы хатт дæр дæттыс уыцы-иу дзуапп: Хуыцау рафæлдыста. Фарн дæм бадзурæд, фæлæ уæд Хуыцауæн Йæхи та чирафæлдыста?..." Алы фæстиуæгæн дæр ис йæхи æфсон, йæхи аххосаг. Фæлæ Хуыцау æппæт æфсæнттæн Йæхæдæг у сæ фыццаг. Хуыцауæн Йæхи исчи куы рафæлдыстаид, уæд Хуыцау Хуыцау дæр нæ уыдаид, фæлæ Йæ чи рафæлдыста, уый уыдаид Хуыцау. Дун-дуне рафæлдисыны фыццаджы-фыццагдæр æфсон æмæ зыбыты иунæг æфсон у Хуыцау Йæхæдæг æнæ райдиан, æнæ кæрон. Хуы- цау Йæхæдæг скодта сæрæвæрæн æппæтæн дæр (Кол. 1:16-17). 200
ЦЫМÆ УЫЙ ТÆРИГЪÆД НÆУ ? „...Афтæ фехъуыстон, дæ ном аивтай. Æмæ дæумæ гæсгæ уый тæригъæд нæу? Аргъуыд æрцыдтæ Иванæй, хонгæ та дæ Пётр кæнынц?" Аргъаугæ мыл скодтой, куыд Николай æмæ уæвгæ дæр афтæмæй баззадтæн, мæ ном нæ аивтон. Фæлæ мæ мыггаг - анг- лисаг, æмæ зындзурæн кæй у, уый тыххæй йæ фæцыбыр кодтон, сывæллæттæн, скъоладзаутæн æнцондæры тыххæй. Уый хыгъд Библийы та афтæ фыст ис: Чырыстийæн Йæ ахуыргæнинæгтæй сæ иуыл саргъуыдтой куыд Симон, йæ цот та йæ æндæр номæй схуыдтой, Пётр, зæгъгæ. Библи амоны: Хуыцауыл æууæндæг адæмæн уæлæрвты уыдзæн æндæр нæмттæ (Откровение 2:17), сæ зæрдæйы уаг куыд фендæрхуызон уа, уымæ гæсгæ. Муртатты бæстæты Чырыстийæн кувджытæ ивынц сæ нæмттæ. Уырнæг суæвыны размæ мæхæдæг муртаттæй уæлдай ницы уыдтæн æмæ мæ ном куы аивтаин, уæд уымæй мæнмæ гæсгæ ницы тæри- гъæды бацыдаин. ФЫССЫН ЦÆЙ ТЫХХÆЙ ХЪÆУЫ „...Алырдыгæй хæсты артдзæстытæ, бæстæ судзы фыдбы- лызтæй, мæстытæй, чи цæттæ кæны бомбæтæ, ракеттæ, чи - æндæр исты хæцæнгæрзтæ. Цыбыр дзырдæй, тæссагу иу кæцыдæр бон дуне æмхуызонæй куы срæмудза, уымæй. Сымах та ма уæ Биб- лийы кой кæнут. Цæуылнæ фыссут хæсты тасдзинады тыххæй?" Дзурын хъæуы адæмы тыххæй, ракеттæ æмæ бомбæты тых- хæй нæ, фæлæ. Ракеттыл базыртæ, миййаг, нæ базад. Бомбæтæ дæр сæхæдæг сæхи æгъдауæй зæхмæ не ’згъæлынц. Уыдæттæ кæнынц адæм, фыд-зонды цагъайрæгтæ, Чырыстийы уарзон- дзинад чи нæ бавзæрста, уыдон. Æрмæстдæр Библийы фæрцы бамбарæн ис адæймаджы уавæр. Æмæ йын ирвæзыны фæндаг амоны æрмæстдæр Библи. Гъе, æмæ фыссын дæр хъæуы уый 201
тыххæй. Стыр Хуыцауæн кад, Уый фæндæй кæнгæ дæр афтæ кæнын æз. АЛЫРАН ДÆР ДИССÆГТÆ „...Кæд Хуыцау æцæгдзинадæй ис, уæд исты диссæгтæ цæуылнæ æвдисы? Дзурынц, стæй æгæр дæр ма, уым æмæ уым æрцыд æнахуыр диссаг, фæлæ йæм куы æркæсай, уæд та дзы диссагæй уæвгæ дæр ницы вæййы..." Уый тыххæй бирæ хæттыты фыстой, се ’ппæт, æвæццæгæн, кæсгæ дæр нæ бакодтаис. Дзырдæн ма райсæм мæнæ ахæм дæнцæг: æз зæххæй иу хай куы райсин, стæй донæй, уæлдæфæй, рухсæй, хъармæй æмæ ма ноджы æндæр истытæ, æмæ сæ куы сæмхæццæ кæнин, æмæ уæм дзы æрыскъæф, кæнæ æнгуз, дидинæг, кæнæ бæлас куы равди- син, уæд мæ æнæмæнг схониккат æрдхæрæны цæстфæлдахæг, мæ куыстытæ та цæстфæлдахæн царциатæ. Мæ кой фæзынид æппæт газетты дæр. Раст нæ зæгъын? Ахæм диссæгтæ æмæ ноджы диссагдæртæ та цæуы нæ алыварс æдзухæй. Фæлæ сæ æнæуырнæг адæм нæ фиппайынц. Дин хорз чи зоны, уыцы адæймагмæ диссаг кæсы алы кæрдæ- джы халы фæзынд дæр, уæлдайдæр та дун-дунейы егъау фæзынд- тæ. Уæвгæ та уыдон иууылдæр сты нæ Рафæлдисæджы арæзтытæ. Æмæ ды куы зæгъай уыцы хъуыддаджы мидæг æрдзы закъонтæ сæхæдæг сæ кæнон кæнынц, уæд уый ницы дзуапп у фарстайæн, фæрсырдæм ма йæ цы здахы, æндæр. Цæмæн? - бафæрсдзынæ ды. Уымæн æмæ иугæр закъонтæ ис, цавæрфæнды закъонтæ фæуæнт, уæддæр, уæд æнæмæнг ис закъонæвæрæг дæр. Æрдзæн йæхи закъонтæ кæй ис, уый йæхæдæг стыр диссаг у. Уæдæ уæд хæд-зонд раст адæймаг куыд хъуамæ æнхъæла, закъонтæ ис, фæлæ закъонæвæрæг нæй? Дæлæ кæнай, уæлæ кæнай, чидæр сæ сæвæрдта уыцы закъонтæ. Фæлæ чи? Уæдæ афтæ куы зæгъай, диссæгтæ æрдзы закъонтæм нæ хауынц, уæддæр цас æмæ цас ис ахæм хабæрттæ!... 202
Дзырдæн райсæм хуымæтæджы их, уый никуыд хауы æрдзы закъонтæм. Æрдзы закъон афтæ зæгъы, уæлдæфы температурæ куы фæбæрзонддæр вæййы, куы фæтæвддæр вæййы, уæд æппæт буаргъæдтæ, предметтæ дæр нæрсынмæ фæвæййынц, фестыр- дæр вæййы сæ ас. Куы фæуазалдæр вæййынц, уæд та æрбал- хъивынц сæхи æмæ свæййынц къаддæр. Ихæн та йæ хъуыддаг бынтон иннæрдæм цæуы. Дон хи ’лхъи- вын райдайы 4 градусы онг уазалы, дарддæр температурæ куыд дæлдæр хауы, афтæ донæй рауайы къæртт их, асæй фестырдæр вæййы æмæ рогдæр свæййы доны уæзæй, ленк байдайы доны сæрыл. Фæлæ их асмæ гæсгæ донæй къаддæр куы уаид, уæд та донæй уæззаудæр уаид æмæ дунейы æртæрид сæфтмæ. Фурдтæ дæр сæликкой уæд сæ тæккæ бынмæ, их ныгъуылид бынмæ æмæ зæхх æнæхъæнæй суаид иугуыр цæгат полюс. Хуыцау ницы фæлдисы æнæуырнæг адæмы фæндонмæ гæс- гæ, кæнæ цымыдисæн. Æнæурнæг дзуттæгтæ Чырыстийæн куы балæгъстæ кодтой уæларвон фарнæй сын бахай кæныны тых- хæй, уæд сын ахæм дзуапп радта: „Хинæйдзаг æмæ хæлд адæм агурынц фарны хæйттæ, фæлæ сын Ионæйы нысанæй йедтæмæ æвдыст ницы æрцæудзæн (Мф. 16:4). Нысан æмæ диссаг æнæуырнæг адæймаджы нæ фервæзын кæндзысты, уымæн æмæ ирвæзыны мадзал адæймагæн йæхицæй аразгæ у. Исчи, кæнæ исты диссаг ма баууæндын кæна Хуы- цауыл, фæлæ дæхæдæг дæхи æгъдауæй, барвæндонæй æрцæуай хъуамæ уыцы хъуыдымæ: æппæт рафæлдисæг Хуыцау ис æмæ æз мæхи Уый бар кæнын. Бæллæх уый у, æмæ исты æнахуыр диссаг куы æрцæуы, иу хатт уа, æви цалдæр хатты, уæддæр ыл атеисттæ нæ баууæндынц. Ахæм диссаг куы сарæх вæййы, бирæ хæттыты куы æрцæуы, уæд та атеисттæ фæзæгъынц, уый диссаг нæу, фæлæ у æрдзы закъон. Æмæ, мæ хæлар, кæд ды дæр ахæм адæмы къордмæ хауыс, уæд дын зæрдиагæй зæгъын, ахъуыды кæн лæмбынæгдæр, Хуы- цау æрвылбон, æрвылсахат кæй æвдисы, уыцы диссæгтыл æмæ уымæ гæсгæ аив дæ цæстæнгас нæ Рафæлдисæгмæ. 203
VI ЦЫ НÆМ ÆНХЪÆЛМÆ КÆСЫ? ЧИДÆРТÆ ФÆРСЫНЦ... „...Бирæ хæттыты фехъуыстон: „Чырысти тагъд æрцæу- дзæн! - зæгъгæ. Æрхæццæ кæны зæхмæ Йæ дыккаг Æрхызты афонГЦæмæй бæрæг у уый? Стæй кæд æрцæудзæнГ ЙÆ БÆРÆГГÆНÆН - ЙÆХИ ЗÆРДÆВÆРÆН НЫХАС: „Æз ногæй æрцæудзынæн" (Ин. 14:3). Йæ Дыккаг Æрцыды сахат зындгонд нæу. Йæхæдæг загъта: „Уыцы бон æмæ уыцы сахаты тыххæй ничи ницы зоны, Уæларвон зæдтæ дæр нæ, æрмæстдæр МÆ ФЫД Йæхæдæг иунæгæй" (Мф. 24:36). Афтæмæй уæд цæуыл дзæгъæл кæнæм нæ сæртæ уыцы æмгъуыд базоныныл. Бонтæ мыстытæ нæ бахордтой, згъорынц кæрæдзийы фæдыл, цæст сыл нæ хæцы, афтæмæй. Уайтагъд дæ зæронды бон де ’кко- йы абады, дæхи дæр нæ фæуырны, афтæмæй. Уымæ гæсгæ тынг ахсджиаг у рæстæгæн аргъ кæнын, дзæгъæлы дзы иу минут дæр нæ сафын, цæмæй алы цъусдуг дæр цæттæ уæм Чырыстийæн „æгасцуай" зæгъынмæ. Уæдæ уырнæг адæм уæддæр цæмæн дзурынц, Чырыстийы Дыккаг Æрцыд тынг тагъд уыдзæн, зæгъгæ? Цæмæн куы зæ- гъæм, уæд Евангели бæлвырдæй амоны Чырыстийы Æрцыды заманы миниуджытæ. Уыдон та мæнæ ныр уынæм нæхи цæс- тытæй. Мæнæ сæ иуæй-иутæ: 1) Зонындзинад сбирæ уæвын, ахуырады тыхджын сырæзт (Дан. 12:4). 2) Ралæудзæн æвирхъау тыхст рæстæг. „Зон, фæстаг бонты ралæудзæн тынг тыхст рæстæджытæ" (2 Тим. 3:1). Ноджы æмбæрстгонд цæуы, уыцы рæстæджы уæлдай тынгдæр кæй сбæрæг уыдзысты исбон амал кæныныл тох, сæрыстырдзинад, æнæрвæссондзинад, æбузн, ома, бæсты никæмæн уал цæудзæн хорздзинад, карз æгъатырдзинад, формализм дины мидæг æмæ æндæртæ. 3) Политикон æмæ социалон зындзинæдтæ, адæм- 204
ты змæстытæ, зæрдæсастдзинад (Лук. 21:25-26). 4) Спиритизм (1 Тим. 4:1) æмæ алыхуызон æнæбындур, мæнг ахуырадтæ". 5) Хуыцауæй иртæсын, хицæн кæнын (2 Фес. 2:3). 6) „Æппæт дзыл- лæты æхсæнмæ Евангели рахæссын (Дунеон Евангелизаци) - (Мф. 24:14). 7) Хъæздыгдзинадыл тох æмæ æхцайыл хæлоф: „Хæзнатæ ды бамбырд кодтай дæ ФÆСТАГ бонтæм" (Иак. 5:13). 8) Дзуттаг адæмы раздæхт Израилмæ (Амос. 9:15). Куыд уынут, афтæмæй Чырыстийы Дыккаг Æрцыды æвди- сæйнæгтæ абон уынæм нæхи цæстæй, стæй сты, кæй раныма- дтам, уыдонæй дзæвгар фылдæр. Чырыстæтты цардхъомдзинад æмæ сæ циндзинад у - Чырыстийы дыккаг æрцыд. Уырны мæ, Чырыстийы æрцыдмæ сымах дæр цинимæ кæй æнхъæлмæ кæсут. Кæд æмæ дæ зæрдæ Чырыстийы æрцыдæй тæрсы, уæд бафидау Йемæ абон, цалынмæ нæма байрæджы, уæдмæ. ÆМГЪУЫДТÆ ÆРХÆЦЦÆ КÆНЫНЦ „...Чырыстийы Æрцыдмæ, мæ хæлар, нырма бирсе бонтæ ис. Евангели хъуыстгонд цæуы ныр дыууæ мин азы бæрц. Милуангай буддисттæ æмæ пысылмæттæ та куыдуыдысты, афтæ абон дæр баззадысты æнæчырыстонæй. Стæй ма бирæ дон фæкæлдзæн цæугæдæтты, цалынмæ адæм сеппæт чырыстон дин райсой, уæд- мæ, уымæн æмæ йæ чырыстон аивдзинад фесæфт". Чырыстийы Дыккаг Æрцыд ды бæттыс дунейы адæмы се ’ппæты дæр чырыстон дин райсыны хъуыддагимæ. Уый раст нæу, Хуыцауы Фыстæг афтæ нæ амоны. Ныртæккæйы чырыстон динæн аргъ кæй нал ис, муртатты динылхæст адæмты цæсты, уый раст у. Уымæн, æмæ чырыстон адæм Чырыстийы фæдзæхстытыл фидар къухæй куы нæ фæхæцынц, уæд сæ диныл æууæндæг дæр уыйас нал вæййы. Уый нæ, фæлæ ма йæ кад æрхауы дæлæмæ дæлæмæ. Уыдæттæ нæ хынцгæйæ, уæдцæр муртатты диныл бæс- тæты чысыл адæм нæй, Евангелийыл фидар чи хæцы, ныхасæй дæр æмæ хъуыдцагæй дæр Чырыстийы уарзондзинадыл иузæр- дион чи у, ахæмтæ. Æмæ сæ къухы æнтыстдзинад дæр æфты. 205
Чырысти афтæ нæ загъта, адæм Ыл æмхуызонæй баууæнд- дзысты, се ’ппæт дæр ирвæзт уыдзысты. Уый амарди дунейы адæмы сæраппонд, фæлæ Йæхæдæг загъта, адæм се ’ппæт нæ фервæздзысты. Ууыл дзурæг у хортауæджы таурæгъ дæр. Бакæ- сут æй Матфейы евангелийы 13:1-23. Мыггаг тауынц кæмдæ- риддæр, фæлæ мæр вæййы алыхуызон. Евангели хъуыстгонд уыдзæн кæмдæриддæр æмæ кæмæндæриддæр, райсдзысты йæ, æви нæ, уымæ нæ кæсгæйæ. Чырысти загъта: „Хуыстгонд уыдзæн ацы Евангели æппæт адæмæн æвдисæндзинадæн, æмæ уæд æрцæудзæн кæрон" (Мф. 24:14). Талынг хъарутæ карз тохы бацыдысты уыцы ныхæсты ныхмæ, цæмæй сæ ма бауадзой сæххæст кæнын. Фæлæ Чырысти загъта: „Евангели уыдзæн хъуыстгонд". Æнæмæнг уыдзæн афтæ, æндæр никуыд! Никæйы æмæ никæцыйы бон у йæ бауыромын. Чырысти дæр æрцæудзæн, фæлæ æрцæудзæн, адæм сеппæты æнæиу хъуагæй куы бауырна, уæд нæ. Ахæм уавæрмæ æнхъæлмæ кæсæн дæр нæй. Цæугæ уæд æркæндзæн, æппæт адæмтæ, æппæт дуне куы фехъуса, Йесо сæ фервæзыны сæраппонд Голгофы Йæ уд мæлæтмæ радта, уый. Æмæ цæмæйдæриддæр бæрæг у, уыцы рæстæг кæй æрхæццæ, æнхъæлмæ кæсын æм бирæ нал хъæуы. Æмгъуыдтæ æрхæстæг сты. Æнхъæлмæ сæм кæсæм. КÆДÆМ ЦÆУЫ ДУНЕ? „...Газеттæ ксесут?Æз тауыдон кæсгæйæ, æнхъæлмæ кæсынæй бафæлладтæн, дуне кæд рахæсдзæн уынаффæ хæцæнгæрзтæ скуы- нæг кæныны тыххæй? Кæд æрсабыр уыдзыстæм? Стæй цымæ чи зоны, зæххы цъарыл цæрæг дзыллæтæ чердæм, кæцырдæм æмæ кæдæм цæуынц, уый?..." Библи зæгъы: „...Ис Хуыцау уæлæрвты, сусæгад чи гом кæны, Æмæ Уый раргом кодта... нæ царды фæстаг бонты цытæ уыдзæн, уыдæттæ" (Дан. 2:28). Фæстаг бонтæ сæхи рабæрæг кæндзысты мæнæ ахæм миниуджытæй: „Адæм суыдзысты тынг хиуарзон, æхцауарзон, сæрыстыр, æнæрвæссон, схъæлфындз, фыддзых, 206
кæрздзырд, сæ ныййарджытæн æгоммæгæс, хорздзинад бæсты никæмæн уал цæудзæн, кæрæдзийы нал уарздзысты, кад æмæ æгъдау нал æмбардзысты, сналат, сцъаммар уыдзысты, сæнæцæ- стуарзон, сæ бæрæгдæр миниуджытæ уыдзысты æгъатырдзинад, фыдæх, гæдзрахатдзинад, хахуыртæ, мæнгард, цæстмæхъус, тыз- мæг, знæт (2 Тим.3:1-5). Исты ма зæгъæн ис? Уыдон нæ абоны царды бæлвырд нывтæ не сты, уæдæ?... Æмæ хъыгаг у, нæ фæстаг бонтыл иугæйттæй фæстæмæ кæй ничи хъуыды кæны, уый. Адæмы зæрдæтæ байдзаг сты мастæй, æрвылбоны заууаты царды сагъæстæй, сахуыр сты, кæй куыд æрæййафа, афтæ цæрын æмæ сæ нæ фæнды, æппæт адæммæ цы тасдзинад кæсы, уый фиппайын. Æрвылбон кæсынц газеттæ æмæ афтæ æнхъæлынц, „Æппæт хъуыддæгтæ зонынæн" уый æгъгъæд у. Цæст Хуыцауæй лæвар у, фæлæ иуыл цæхæрцæст дæр алцы нæ уыны, кæнæ йæм истытæ зынынц æндæрхуызонæй. Уæдæ хъус дæр Хуыцауы лæвар у, æмæ уый дæр суанг радиоимæ иумæ нæ ахсы æппæт царды хабæрттæ, æрмæст иу цавæрдæр чысыл хайæ фæстæмæ. Афтæ зæгъæн ис нæ иннæ æнкъарæнтæй дæр. Уæвгæ та алы адæймагæн дæр Хуыцауæй ахæм стыр лæвар ис ÆУУÆНДЫНДЗИНАД. „Уырнындзинады фæрцы сымах ирвæзт стут", - зæгъы апостол Павел (Ефес. 2:8). „Уырнындзинады фæр- цы базонæм, æнустæ кæй сты Хуыцауы дзырдæй". Æууæндын- дзинады руаджы дардмæ уынæм Хуыцауы хъуыддæгтæ, суанг кæддæр фидæны æрцæуинаг чи уыдзæн, уыдæттæ. Цыбырдзыр- дæй, уый зæгъынмæ хъавын, кæд æмæ Библийыл æууæндыс, уæд дæ фарстæн дзуапп ссардзынæ уыцы диссаг чиныджы. Библи амоны, зæххыл æцæг сабыр цард æххæстæй кæй ралæудзæн æрмæст Чырыстийы Дыккаг Æрцыды фæстæ. Уыцы æмгъуыды та уал дунейы бахъæудзæн æвирхъау бирæ стыр бæллæхтæ æмæ фыдбылызтæ бавзарын. Паддзахадон сæргълæуджытæ нæ зонынц сабыр царды фæндæгтæ. „Сæ фæн- дæгтæ ныддызгъуымтæ сты, ныггалиутæ æмæ сыл чи цæуы, уыдонæй ничи уыны æнцойдзинад, сабыр цард (Ис. 59:8). Уыцы æцæгдзинады тыххæй никуы фехъуыстат ахæм ныхас? „Кæд дæ сабыр цæрын фæнды, уæд дæхи хæстмæ цæттæ дар". 207
Адæм се ’ппæт дæр уынынц хæстон тас, æмæ цыма сабыр цардмæ дæр тырнынц. Фæлæ цалынмæ паддзахадон хицауиуæг- гæнджытæн дæр хуымæтæгы адæмы хуызæн сæхи зæрдæты мидæг сабырдзинад не ’рынцайа æмæ Чырыстимæ нæ аздæхой, уæдмæ дуне не ’рсабыр уыдзæн йе змæстæй. Хуыцауы фарн „цавæрфæнды зондæй бæрзонддæр у’æмæ æрмæстдæр уый фæр- цы фенæн ис æнцойдзинад. Хуыцауыл æмæ Йæ Ныхасыл - Евангелийыл чи æууæнды, Чырысти æнцойдзинад хæссæг кæй зæрдæйæн сси, æрмæстдæр уыдонæн ис фенæн æнцой цард. ДЫУУÆ ТÆРХОНЫ „...Брошюрæ „Цал азы дыл цæуыГ, зæгъгæ ды дзырдæн æрха- стпай Евангелийæ мæнæ ацы хабар: „Адæймагæн æмбæлы иу хатт амæлын, стæй та тæрхон". Уый æцæгдæр афтæ у. Фæлæ ма кæронбæттæны афтæ ныффыстай, зæгьгæ, Чырысти кæй уырны, уымæн Хуыцау тæрхон нæ кæндзæн. Дæумæ гæсгæ цæмæн? Уæд куыд æмбарыс уæдæ ам Павелы мæнæ ахæм ныхæстæ: „Мах неппæты дæр æрлæууын хъæуы Чырыстийы тæрхоны раз". „Неппæты дæри- уæдуырнджыты дæр, нæ?..." Хуыцауы Фыстæджы амынд ис дыууæ тæрхоны. Ацы дзырд ды уымæн нæ бамбæрстай, æмæ æххæстæй лæмбынæг нæ ахъуы- ды кодтай Павелы стихыл. Павел амоны: „Неппæты дæр хъæуы Чырыстийы тæрхоны раз æрлæууын, цæмæй алчи дæр райса, уæ- лæуыл цы бакодта хорзæй, æвзæрæй уымæ гæсгæ" (2 Кор. 4:10). Уый хынцгæйæ ам ныхас цæуы æппæт адæмы тæрхоныл нæ, фæлæ „Чырыстийы тæрхоны" - уырнджытæй алкæмæн дæр йæ хæрзиуæгыл, Чырыстийы кадджын чи кодта азæххыл, уыдонæн лæвæрттæ раттыныл. Уыцы хъуыддагмæ зивæггæнджытыл та сæмбæлдзæн уайдзæфтæ. Æппæтадæмон тæрхон та уыдзæн, æнæ Чырыстийæ чи баз- зад, барвæндонæй дзы йæхи чи хызта æмæ афтæмæй тæригъæд- тимæ чи амард, уыдонæн. Гъе уыцы тæрхоны тыххæй фыссын æз мæ брошюрæйы. 208
Уырнджыты тыххæй та Чырысти афтæ загъта: „Æцæг уын зæгъын: Мæ ныхасмæ чи хъусы, æмæ Мæ Рарвитæг Фыдыл чи æууæнды, УЫМÆН ис æнусон цард, æмæ тæрхонмæ нал хауы, фæлæ рахызти мæлæтæй цардмæ" (Ин. 5:24). Уый мæнæн æгъгъæд у. Æз æппындæр дызæрдыг нæ кæнын Чырыстийы ныхæстыл. Уымæн æмæ хъуыддагæй æцæгдæр сты афтæ. VII ЦАРДЫ СУСÆГДЗИНÆДТЫ ТЫХХÆЙ ДЗÆНÆТ ЗÆРДÆЙЫ МИДÆГ „...Не ’мбарын, цæмæн бахъуыд æфхæрын адæмы, уæларвмæ мæсыг амайынмæ хъавыдысты, уый тыххæй. Кæд æцæгдæр уæ- лæрвты дзæнæт ис, уæд æй æмбæхсын цæмæн хъæуы адæмæй? Уадз æмæ мæсыджы къæпхæнтыл схызтаиккой уæлæрвтæм æмæ сæхи цæстæй федтаиккой, цавæр дзæнæт дзы ис, уый. Æмæ уæд, чи зоны, ам зæххыл дæр бафæлвæрдтаиккой ахæм дзæнæты цард ара- зын. Фæлæ, æвæццæгæн, дзæнæты хицау æгæр хиуарзону. Æрмæст йæхицæн хорз уæд, адæм та уадз æмæ кæрæдзи хурх кæнæнт зæххыл..." Дæ фарстæй бæрæг у, кæй дæ нæ фæнды æцæгдзинад бам- барын. Хуыцауы Фыстæгмæ бæлвырддæр куы æркæсис, уæд бамбарис, Вавилоны мæсыг аразынвæнд чи скодта, уыдон, мий- йаг, Хуыцауы ссарынмæ нæ хъавыдысты, кæнæ дзæнæт сбæрæг кæнынмæ, фæлæ сæ бафæндыд адæмыл айхъуысын, „сæхицæн ном скæнын" (Быт. 11:4). Хуыцау нæ амоны дзæнæтыл ахæм мадзалæй сæмбæлын, уый фæстæ Люциферы фæндоны æнгæс куыд нæ рауайа, ома, Хуы- цауæй фæуæлдæр, фæбæрзонддæр уæвын сæ зæрды куыд нæ æрæфта, уый тыххæй. Уæвгæ та нæдæр ракеттыл, нæдæр спут- никтыл дзæнæты онг не стæхдзынæ. Хуыцауы фæнды адæй- 209
магæн дзæнæт йæ зæрдæйы мидæг саразын. Фæлæ адæймаг ныццæхгæрмæ æмæ Хуыцауы коммæ нæ кæсы. Адæм дзыхæй бæргæ кæнынц дзæнæты кой, сæ зæрдæйы мидæг та марг хæссынц; Хуыцауы ныхмæ хæцынц. Стæй дзæнæтыл æууæндгæ дæр нæ кæнынц, уый сæм кæсы аргъауы хуызæн. Уæдæ куыд хъуамæ бафта къухы ам зæххыл дзæнæт саразын? Уымæн уæвæн нæй. Коммунисттæ бæргæ фæлвæрдтой, фæлæ дзы ницы уайы. Стæй дзы уæвгæ дæр нæ рауайдзæн. Уымæн æмæ адæм Хуыцауыл не ’ууæндынц, тох сарæзтой Йемæ. „Хуыцауы фæнды æрмæст Йæхицæн хорз, адæм цыфæндыдæр фæуæнт", зæгъгæ, ды цы уайдзæф æрбаппæрстай, уый æгæр стыр æфхæ- рæн у. Уымæн æмæ Хуыцау Йæ Иунæг Фырты дæр ма адæмы сæрыл нывондæн куы æрхаста, чи йыл æууæнды, уыдон аирвæзыны сæраппонд (Ин. 3:16). Хуыцау адæмы, æгас дунейы куыд уарзы, уый æвдисы хъуыддагæй. Фæлæ адæм фылдæр уар- зынц талынг æмæ нæ цæуынц Рухсмæ. Хуыцау цы аххосджын у ам? Адæм сæ кæрæдзи хурх кæнынц æмæ кæндзысты, цалынмæ Чырыстимæ не ’рцæуой, уæдмæ. Уымæ гæсгæ уын мæ хуыздæр фæнд: Хуыцауы ныхмæ тохæн кæрон скæнут. Фæфæсмон кæнут уæ тæригъæд хъуыдцæгтыл æмæ уын Хуыцау ныххатыр кæна уе ’нæууæнкдзинад. Цъыфы гуппæртæ бынтон дзæгъæлы зыввыт кæнут хурыл. Уый уæддæр йæ зынгцæстæй рухс дары, æмæ уæ тавы, хорз адæм. Уæ цъыфтæ та фæстæмæ хауынц уæхи цæсгæмттыл. УÆЛДÆРÆЙ, ХУЫЦАУÆЙ РАЙГУЫРЫНЫ ТЫХХÆЙ „...Дæ Беседæты арæхракой кæныс„Уæлдæрæй, Хуыцауæйрай- гуырыны" тыххæй, фæлæ куыд æмбæлы, афтæ никуыма бамбарын кодтай бæлвырдæй, куыд вæййы уыцы райгуырд". Хуыцауæй гуырын - уый ахуырад нæу, стæй йæ зондæй бам- барæн дæр нæй. Чырысти йæ Никодимæн дæр нæ бамбарын кодта, куыд æмæ цы мадзалæй æрцæуы уыцы хабар, уый, фæлæ амонгæ та кæны, Хуыцауы фæндонæй райгуырæн куыдæй ис, 210
уый. Лæмбынæг бакæсут Иоанны Евангелийы 3-аг сæргонд. Уым амынд у, адæймаджы цард, Чырыстийыл æууæндгæйæ, ивгæ куыд цæуы æдде бакæсгæйæ дæр æмæ зæрдæйы мидæг дæр, уыдæттæ. Фыстæг амоны: „Йесо æцæгдзинадæй Чырысти у, зæгъгæ, ууыл чидæриддæр æууæнды, уый у Хуыцауæй гуырд", ома, уæлдæрæй (1 Ин. 5:1-5). Афтæ куы загътаис: уæдæ Йесо Чырыстийыл чи æууæнды, уый Хуыцауæй гуырд у, нæ? - уæд дын зæгътаин, уый дæр ма æгъгъæд нæу. Йесо у Чырыстийæн Йæ зæххон сæрмагонд ном. Амонгæ та кæны, ома, Ирвæзын- гæнæг. Ном Чырысти (Христос) амоны, ома, Хуыцауы минæвар. Адæймаг куы æууæнда, Йесо йæ сæрмагонд Ирвæзынгæнæг у æмæ Хуыцауы минæвар у, ууыл, уæд зон, уый Хуыцауæй гуыр- дыл нымад у. Ахæм адæймаг йæ цард æмæ йæ хъуыддæгтæй бæрæг вæййы, Хуыцауæй гуырд кæй у, уый. ЦЫМÆУЫЙÆЦÆГУ? „...Библи дзуры, зæххыл æрмæстдæр æхсæз мин азы цæуы. Ахуыргæндтæ та сбæрæг кодтой 2 миллиард азы. Кæцы сæураст- дæр?Се ’хсæн тауæлдайдæр тынгстырхъауджыдзинад ис..." Библи никæцыран амоны, зæххыл 6 мин азы цæуы, зæгъгæ. Библимæ гæсгæ адæймаджы историйæн сæрæвæрæн скодта Адам. Æмæ гъе уыцы рæстæгæй ранымайгæйæ æцæгдæр цæуы 6 мин азы бæрц. Уый бынтон æндæр хъуыддаг у. Зæхх та уæдæ куыннæ цардаид æнæ адæймаг? Библийы фыццаг стих зæгъы афтæ: „Зæхх та зынгæ нæ кодта, стæй уыди тутт, афтид..." Æмæ афтæ цас рæстæджытæ рацыд, Хуыцау йæ зонæг. Библи дзуапп нæ дæтты уымæн. Æз та Библийыл тынгдæр æууæндын ахуыр- гæндты куыстытæй. 211
ФЫНЫ ТЫХХÆЙ „Фынтыл æууæндыс?" Фынтæ сты фынæй адæймагæн йæ магъзы автоматон архай- ды фæстиуджытæ. Уыимæ дзы иуæй-иу нывтæ адæймагæй бирæ рæстæг нал ферох вæййынц, иннæтæ æппындæр нал рахæссы, куы райхъал вæййы, уæд. Фынты æрдз абоны онг æххæстæй ничима раиртæста нæдæр психологтæ, нæдæр медицинæйы кусджытæ. Фæлæ фæлтæрддзинад æвдисы, иуæй-иу фынтыл кæй ис æууæндæн, иннæтыл нæ. Ис Хуыцауæй лæвæрд фынтæ, æрцæуинаг хабар чи æвдисы, ахæмтæ, ис „афтид" фынтæ дæр, федтай йæ æмæ фæцыдæр. Куыд сæ раиртæстæуа, чи дзы кæцы у? Алкæмæ дæр хъуамæ уа йæхи фæлтæрддзинад. Чидæртæ фæкæсынц „фынтæ зонæг" чингуыты дæр. Æз сыл не ууæндын. Библийы фыст ис: „Хуыцау дзуры иу хатт, æмæ уый куы нæ бафиппайынц, уæд æндæр хатт: фыны, æхсæвы фыныуынды, фынæй куы ’рцæуы адæймагмæ йæ хуыссынафон, уæд Уый, (Хуыцау) байгом кæны адæймаджы хъус æмæ дзы ныммыхуыр кæны Йæ амынддзинад, цæмæй акæна адæймаджы искæцы хъуыдтагæй æмæ дзы адард уа сæрыстырдзинад, цæмæй йын йæ уды акæна сæрсæфæнæй æмæ йæ цард цырагъæй" (Иов. 33:14-18). ЗÆДТÆ ИС ЦЫМÆ? „...Библи фыссы, пахуымпартæм-иу фæзындысты зæдтæ. Уæдæ ныр цы фесты, куы никæмæ уал зынынц мах рæстæджы? Кæд, миййаг, нал сты зæдтæ?" Дзырд „зæд" дзуттаг æмæ грекъаг æвзæгтыл амоны „минæ- вар". Фыстæгæй бæрæг у, зæдтæ кæй уыдысты Хуыцауы минæ- вæрттæ. Вæййы, æрцæуы, раздæры хуызæн ныр дæр æнæзонгæ зæдтимæ фембæлдтытæ. Нæ дуджы зындгонд евангелист Индийы кадджын Сундар Синг иу æмæ дыууæ хатты нæ фембæлд Хуыцауы æрвыст 212
зæдтыл, муртатты уацарæй йæ чи ирвæзын кодта, йæ хъæдгæмт- тæ йын чи дзæбæх кодта, ахæмтыл. Чырыстон миссионерты историйы æрцыд, зæдтæ зæххон адæмæн кæй баххуыстæ кодтой, ахæм хабæрттæ. Æрæджы газетты бакасттæн иу ахæм хабар: Суматрæйы сакъадахы иу миссионермæ æхсæвыгæтты фæцалх сты бынæттон талынг адæмыхаттæй фыдгæнджытæ, хæдзары хицауы æмæ йæ усы амарынмæ чи хъавыд, ахæмтæ. Фæлæ та-иу алы хатт дæр æрбаййæфтой хæдзары алфамблай гæрзифтонг хъахъхъæнджытæ. Æппынфæстаг фыдгæнджытæ миссионеры бафарстой, „йе ’фсæдты" кæм дары, уымæй. Лæг уайтагъд фембæрста хабар æмæ сæ бауырнын кодта, салдæттæ йæм нæй, джигул дæр бакæнут, зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, иу салдат дæр не ссардтой, фæлæ уый фæстæ миссионермæ зæрдиагæй хъуыстой Чырыстийы уарзондзинады тыххæй, йæ хъахъхъæнæг зæдты тыххæй сын куы рахабæрттæ кодта, уæд. Æмæ дæумæ дæр, æвæдза, чи зоны, иу æмæ дыууæ хатты нæ балæууыд зæд æххуыс кæнынмæ, фыдбылызæй дæ бахъахъхъæ- нынмæ истæйы кæнæ искæйы хуызы æмæ та-иу афтæ баззад æнæбазонгæ, æнæ йæхи равдисгæ. ИС МА ЦЫМÆ ФЫДГÆНÆГ ЗÆДТÆ ДÆР, ДÆЛИМОНТÆ КÆЙ ХОНЫНЦ, АХÆМТÆ? „...Евангелийы фыст ис, Чырысти адæймаджы зæрдæйæ уыцы фыдгæнæг зæдты куыд тартта, уый тыххæй. Цымæ ма ныр дæр ис ахæм хæйрæджытæГ Ис ма ныр дæр. Материализмы дуджы цæргæйæ, адæм ахæм фарстыл куыннæ бахуддзысты? Бахуддзысты, æнæмæнг, мæ дзу- аппыл дæр. Фæлæ евангелист Лукамæ цы фыст ис (8:26-39), ахæм хабæрттæ абон дæр æрцæуы. Абон зæххыл чысыл нæ цæры ахæм адæмтæ, цы дзурынц, цы кусынц, уый чи не ’мбары? Сымах æй куыдфæнды хонут, фæлæ мæнæн сты хæйрæджытæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй æнæзæгъинаг уагæй æххæст уыд барджын Гитлер дæр. 213
Æнæзæгъинаг удтæ уæлдай фылдæр здæхт вæййынц дикта- тортæм, цæмæй дунейæн æрхæссой фылдæр фыдбылызтæ. Уы- рыссаг революцийы заман дæр æмæ уый фæстæ дунеон дыккаг хæсты рæстæджы дæр адæм сæхи удыл æвзæрстой фыдмитæ иуæй-иу хицауиуæггæнджыты къухæй. Адæймагæн фыдмитæ бакæн (хатгай - мардæн дæр ма); уый уæдæ цы схуындæуа, кæд æнæзæгъинаг уды фæндтæ не сты, уæд?! Хæйрæджытæ сты фыдгæнæг удтæ. Æнæхъæн æфсæдтæй уыдон архайдтой Чырыстийы дуджы. Æмæ абон сæ нымæц нæ фæкъадцæр. Уыдоны хуызон хъæддаг нæсæттон адæмтыл æмбæ- лæм абон дæр. Фидарæй та уымæн дзурын æмæ дзы мæхæдæг фембæлдтæн сæ „ахъаззагдæртыл". Хæйрæджытæ Чырыстийæ тæрсгæ кæнынц æмæ Йæ коммæ дæр кæсынц. Фæлæ адæймаг, æвæдза, бынтондæр Чырыстийы коммæ кæсы, зæгъгæ, уæд хæйрæджытæ фæцыдæр вæййынц, аивылынц. Хъыгаг бæргæ у, фæлæ фыдгæнæг дауджытæ æмхиц кæмæ сты, уыцы адæмтæй бирæтæ афтæ хъуыды кæнынц: „Цы дæ кæсы мемæ, нæ Кадджын Хуыцауы Фырт?" (Лук. 8:28). „Ма мæ хъыгдар, Мæ зæрдæ куыд зæгъы, афтæ мæ фæнды цæрын..." Ахæм зæрдæйыуагæй дардмæ лидзын хъæуы, артæй куыд тæрсай, афтæ дзы тæрсын хъæуы. Æмæ дæлимонтæ куы сагъуыйынц адæймагыл, уæд æй ба- сæттæн нал вæййы, аргъ никæйы уал дзырдæн фæкæны, никæйы уал коммæ фæкæсы. Ахæм заман бынтон æнæхъару адæймагмæ дæр фæзыны æгæрон стыр тых. Æз æрмæст зондхъуаг æнамонд адæймæгты кой нæ кæнын, сæрмагонд рынчындæтты дуарæх- гæдæй кæй дарынц, уыдоны кой. Æз дзурын æппæт иннæты тыххæй, уыцы фыдгæнæг удтæ сæхи æмхиц кæмæ ласынц, уыдоны тыххæй дæр. Ахæмтæ та абоны дуджы æгæр бирæ систы. Мах сæ нæхи мидæг мæстыгæр адæм хонæм. Фæлæ уый у дæлимонты куыст, сæ нервыты аххос нæ, фæлæ. Уæдæ сын сдзæбæхгæнæн ис? Ис! Стæй бынтон сæнæниз уæвæн. Уыцы мадзал та - Йесо Чырыстийы къухы. Æмæ йæм æрцæуын та хæрзæнцон у: дæ зонгуытыл æрлæуу æмæ Йæм скув, балæгъстæ Йын кæн æмæ дæ фервæзын кæна. Йесо загъта: „Мæнмæ æрбацæуæджы никуы федтæдуар кæндзынæн". 214
АФТÆУАЦЫМÆ? „...Софисттæ мын цалдæр хатты æрбарвыстой сæ журнал „Иогæ". Сæ ахуырадыл сразы мæ бон нæу, фæлæ хъæбæрæй зæ- гъынц, чырыстон динæй ницæмæй хицæн кæны, зæгъгæ. Æмæ цымæ æцæгдæр афтæ уа?..." Ницы хуызы. Афтæ уæвæн ын нæй. Уымæн, æмæ Чырыстон лæг Хуыцауы Ныхасæй дарддæр никæцы диныл æууæнды. Биб- ли æппындæр нæ амоны адæймаг йæ мæлæты фæстæ æндæр истæйы хуызы бацæуы, æндæр исты феста йæ уд, зæгъгæ. Библи махæн зæгъы: адæймагæн йæ уд баззайы, мæлæт æй куыд æрæййæфта, уыцы хуызы, нæдæр бындз фесты, нæдæр хуы. Мæлæты фæстæ нæй æрфæсмонгæнæн, стæй сног уæвæн дæр. Зæгъдзынæн ма уый, æмæ Иогы ахуырад фæлвары афтæ амонын, ома, æппæт динтæ дæр сæ фæдыл адæмы кæнынц уæ- лæрвтæм. Йесо нын зæгъы: „Цæут къуындæг кулдуарыл, уымæн æмæ къуындæг сты дуæрттæ, æмæ нарæг у, цардмæ чи кæны, уыцы фæндаг, æмæ сæ искуы-иутæ йедтæмæ сеппæт не арынц" (Мф. 7:13-14). Иогы ахуырад ууыл лæуд у, зæгъгæ, дам, адæймагæн йæ ирвæзыны мадзал йæхи къухы ис. Афтæ амыдта Лев Николайы фырт Толстой дæр. Библи та амоны æндæр хуызы: ирвæзыны мадзал ис Чырыстимæ, ÆРМÆСТДÆР ЧЫРЫСТИМÆ, АДÆЙ- МАГÆН ЙÆХИМÆ НÆ, ФÆЛÆ. Ирвæзын - уый Хуыцауæй лæвар у æмæ йæ йæхицæй бузныг мачи уæд. Фидар хæцут Еван- гелийы ахуырадыл. Уый йедтæмæ æцæгдзинад æххæстæй никæ- цыран æвдыст цæуы. ТÆССАГ ДЫЗÆРДЫГ „..Æз æууæндын Хуыцауыл, æцæгдæр Уый кæй у арв, зæхх æмæ адæймаджы Рафæлдисæг. Фæлæ тынг дызæрдыг кæнын зæдтыл. Æнхъæл дæн, цыма сæ адæймаг йæхæдæг æрæмысыд. Дæумæ та куыд кæсы?" 215
Нæ дæн афтæ æнхъæл æз, ницы хуызы. Зæдты кой бирæ хæттыты кодта Чырысти. Ууыл та хъуамæ куыннæ баууæндон! БакæсМф. 18:10,13:31,26:53. Библийы ахуырадмæ гæсгæ зæдты рафæлдыста Хуыцау Йæхæдæг. „Ды, Иунæг Хуыцау, Дæхæдæг, рафæлдыстай АРВ, æмæ Уæлæрвтæ æмæ се ’ппæт тыхтæ дæр... Æмæ Дын уæларвон æфсæддонтæ сæ сæртæй ныллæг кувынц" (Неем. 9:6), уымæн æмæ Дæу рафæлдыст сты, цыдæриддæр уæлæрвты ис, цыдæ- риддæр зæххыл ис, чи нæм зыны æмæ нæм чи нæ зыны, уыдон се ’ппæт дæр" (Колос. 1:16). Зæдтæ сты адæймагæй хъауджыдæр æнæбуар айдагъ удтæ (Евр. 1:14), зæдтæн фенæн нæй куыд удты, нæ зынынц, фæлæ куыд Хуыцауы хабархæсджытæ фæзын-фæзын кодтой адæммæ адæймаджы хуызы. Зæдты нымæцæн банымайæн нæй (Иов. 25:3; Евр. 12:22). Зæдтæ зæрдиагон архайджытæ сты Хуыцауы ирвæзыны пълан æххæст кæныны æмæ зæххыл Аргъуанты царды хъуыддæгты. Уы- дон цин кæнынц алы тæригъæдджыны фæсмоныл дæр (Лук. 15:7). Сæ хъус дарынц Аргъуаны тохмæ, зындоны тыхтимæ (1 Кор. 4:9), хъахъхъæнынц, Хуыцауæй чи тæрсы, уыдоны (Пс. 33:8). Зæдтæ уыдзысты Чырыстийы æмбæлццæттæ Йæ дыккаг æрцыды (Мф. 25:31). Мæ фæндæй æппындæр дызæрдыг ма кæнут, зæдты тыххæй Библийы цы фыст ис, ууыл, стæй Библи- йыл æнæхъæнæй йæхиуыл æууæндут æнæ гуырысхойæ. КУЫД БАСÆТТÆН ИС ФЫДДЗИНАД? „...Фыддзинад стыхджын æмæ адæмы тухæнæй мары. Кæцæй фæзынд æмæ йæ куыд басастæуа?.." Дæ алыварс куы акæсай, уæд фыддзинад йедтæмæ æхсызгон хабарыл нал сæмбæлдзынæ, мæнæ цыма уæлдæфы йæ сæрæй йæ бынмæ марг ахъардта. Æмæ Хуыцауы Фыстæг комкоммæ зæ- гъы: „Дуне æнæхъæнæй дæр аныгъуылд фыддзинады гуыл- фæнты (1 Ин. 5:19). 216
Цы ма уа уымæй æнамонддæр хабар! Бынтон æнамонд та уый у, фыддзинад „йе уæнтыл" кæй æрæвæрдта, фыддзинады ныхмæ тохы йæ тых кæмæн басаст æмæ састы бынаты чи баззад. Уæдæ кæцæй æрбафтыд фыддзинад нæ зæхмæ? Уый æрбаф- тыд, уæлæрвтæй кæй æрæппæрстой, уыцы люциферимæ дæ- лимонты хистæримæ иумæ. Уый „лæгмар у йæ райдианæй" (1Ин.З:8). Цæмæн æруагъта уæдæ Хуыцау фыддзинад нæ зæхмæ? Чи зоны, цæмæй адæм базоной Хуыцауы стырдзинад æмæ Йæ тыхджын уарзондзинад адæймагмæ. Уæвгæ та æрмæст афтæмæй ис базонæн Хуыцауы уарзондзинадæн, фыддзинады „дзæкъул" - дæлимон адæймагмæ цас фыдæх у, уый куы базонæм, уæд. Ды тыхсыс, фыддзинадимæ цы мадзалæй тох чындæуа, зæгъ- гæ, ууыл. Уымæн дзуапп дæтты Библи: „Фыддзинадыл уæлахиз кæн хæрзаудæнæй, хорздзинадæй" (Рим. 12:21). Табу Хуыцауæн, уыцы уæззау хæс, ома, фыдæхдзинадыл йæхи мидæг фæуæлахизы хæс Йæхимæ райста Йесо Чырысти. „Уæдæ уый тыххæй фæзынди Хуыцауы Фырт, цæмæй фехала хæйрæ- джы хъуыддæгтæ" (1 Ин. 3:8). Чидæриддæр Чырыстимæ æрцæуы, чидæриддæр Ыл æууæнды, уый бахизы уæлахизы цардмæ, равзæры йæм ног зæрдæйы уаг, фыддзинад чи нæ фæразы йæхæдæг йæхи мидæг дæр æмæ йæ алыварс царды дæр, ахæм. Куыд басæттæн ис уæдæ фыддзинад? Фыддзинадæн басæттæн нæй нæдæр танкты руаджы, нæдæр автоматты, кæнæ бомбæты фæрцы, фæлæ æрмæстдæр хорз- дзинадæй. „Фыддзинадыл уæлахиз кæн хорздзинадæй!" - гъе уый у Хуыцауы хос фыддзинадимæ тохы. Æнусты царды фæлтæрдзинад афтæ равдыста, Чырыстийы уынаффæ æмæ Йæ апостолты уынаффæтæ уыдысты кæддæрид- дæр æцæг æмæ раст. „Кæд де ’знаг сæххормаг, уæд æй бафсад", - загъта Чырысти. Мæнæн афтæ бакæнын мæ бон нæу, - зæгъдзæн сымахæй исчитæ. Æмæ раст у, нæ бакæндзыстут афтæ, цалынмæ Чырыстийæн уæ зæрдæйы дуар нæ байгом кæнат, мидæмæ бахи- зыны бар Ын нæ радтат, уæдмæ. Радтут Ын бынат уæ зæрдæйы мидæг æмæ уæ бæсты Уый бакæндзæн уыцы хъуыддаг. Хæлæрт- тæ не ссардзынæ дæхицæн æфхæрæнтæй, ахæстæттæй. Уыцы 217
мадзæлттæй ссардзынæ æрмæст знæгтæ. Æмæ тынг фæсмойнаг у, дины истори ахæм фыддзинады хабæрттæй йæ тæккæ дзаг кæй у, уый. Цас æмæ цас адæмтæ фесæфт дингæнджытæй, дины фарсхæццжытæй! Уæвгæ сыл дис кæнын дæр нæ хъæуы. Комму- нисттæ сæ ахуырады ныхмæ цæуджытæй кæй мардтой æмæ ахстой, уыдоны нымæц чи банымайдзæн!...Æмæ кæмæй базыд- той ахæм фыдмитæ? Кæуыл сахуыр сты? Фæлитой аргъуантыл, дины мæнгард кусджытыл. Дарддæр нал фæдзурдзыстæм уыцы фыдраконды хабæрттыл, аргъуанты мæнгард, гадзрахатæй цæуæг „кувджытыл". Æз сæ- рыстыр дæн мæхи чырыстон аргъуанæй, йæ ныхмæ цæуджытæй иунæгæн дæр зындзинад кæй нæ бавзарын кодта, Соловкийы кæй никæйы балæууын кодта, уый тыххæй, фæлæ йæхæдæг бадти (æмæ гъеныр дæр бады) ахæстоны. Ацы хабæрттæ бакæсгæйæ, исчи афтæ куы зæгъа: „Хуыцауы фæндæй абонæй фæстæмæ мæ зæрдæмæ фыддзинад нал бауадз- дзынæн", зæгъгæ, уæд тынг хорз. Фæлæ уый дæр æгъгъæд нæма у. Хуыцау адæймагмæ æнхъæлмæ кæсы ноджыдæр ма цæмæдæр- ты. Библи зæгъы: „Мауал кæнут фыддзинад, сахуыр ут хорз- дзинадкæнын" (Ис. 1:16-17). Фыддзинад нал кæнын, - уый хъуыддæгтæн се ’мбис йедтæ- мæ нæма у, Хуыцау кæй фæдзæхсы, уыдонæй. Библи дарддæр амоны: „Хорздзинад кæнын чи æмбары æмæ йæ афтæмæй чи нæ кæны, уый у зылын" (Иак. 4:17). Цæмæн? Уымæн æмæ хорз- дзинад чи нæ кæны, уый æнæмæнг бакæндзæн фыддзинад. Дуне хъизæмарæй мæлы, адæм фыддзинæдтæ кæй кæнынц, уымæй уыйас нæ, фæлæ хорздзинад кæнын кæй нæ зонынц, тынгдæр уый аххосæй. Уымæ та сæм сиды Евангели. „Фыдцзи- над нæ бафæраздзæн хорздзинады ныхмæ æрлæууын, дзуры уырыссаг æмбисонд. Æмæ хорздзинадæй а зæхх æгæр мæгуыр кæй рахаста, уымæ гæсгæ хæрдты хауы фыддзинад, „абухы" æнæ ныхмæлæууæгæй æмæ адæмæн нуазын кæны „хъыцъыдæттæ". Айсæм уæдæ арф нæ зæрдæмæ уыцы зынаргъ дзырд „Хорз- дзинад" æмæ йæ æвдисæм æмæ йæ кæнæм нæ царды. Уый у нæ ирвæзæн хос. Уый фæрцы сног уыдзæн абоны дуне. 218
ЛАЗЫРÆН ЙÆ БОН КУЫД УЫД УЫНЫН? „...Кæд дæ фæнды, ныккалдзынæн дыл бирæ фæрстытæ. Фæлæ уал мын зæгъ, Евангели афтæ фыссы „Лазыр хъæздыджы федта зындоны". Мард куыд хъуамæ фена, кæд æмæ йæ цæстытæ æнусмæ цъынд стыГ Ды куыд фæуыныс фынтæ тарф фынæйæ, дæ цæстытæ цъындæй! Ууыл ахъуыды кæн æмæ дæ фарстæн дæхæдæг дзуапп ратдзынæ. ХЪЫСМÆТ ÆМÆ ХУЫЦАУ „...Дæ кæцыдæр Беседæйы фыстай, хъысмæтыл не ’ууæндыс, зæгъгæ. Соломоны тауырныдта хъысмæт. Æмæ афтæ ныффыста: „Адæймаджы хъысмæт Хуыцауæй аразгæ у". (Пр. Сол. 29:26). Йæ хъысмæтæй ничи алидздзæн, цы дæм кæсы, уый баезардзынæ. Афтæ дзырдтой рагон куырыхон лæгтæ. „Цы дæм кæсы, уымæй нæ аирвæздзынæ", - фæзæгъынц адæм, удæгас Хуыцауы цавæрдæр æнæбæрæг саугуырм хъыс- мæтыл чи баивта, уыдон. 0, загъта Соломон „Хъысмæт Хуы- цауæй аразгæ у", фæлæ Соломон „Хъысмæт" цы хуыдта, куыд æй æмбæрста, уый та æндæр хъуыддаг у. „Хъысмæтæй фæлидзæн нæй", зæгъгæ, уый дæр адæймаг æрæмысыд. Библи амоны: „Цы байтауай, уый æркæрддзынæ (Гал. 6:7). Тау хорз мыггаг æмæ дæ хъысмæт дæр уыдзæн фæр- нæйдзаг. Фыд мыггаг чи тауы, уый кæрдгæ дæр æркæндзæн фыддзинад. Æмæ уыдæттæм Библийы цæстæй куы акæсай, уæд æнцонæй раиртасдзынæ, Соломон „хъысмæт" хуыдта, Хуыцау адæймагæн цыдæриддæр хæрзиуæг кæны, уыдон иууылдæр иу номæй - „хъысмæт". Хуыцау Йæ дыккаг закъоны чиныджы 28-æм сæргонды адæмæн зæгъы, сæ фидæн кæй уыдзæн дыууæ хуызы, дыу- уæрдæм: Йæ фæдзæхстытæ Йын адæм куы æххæст кæной, уæд 219
уыдзысты арфæгонд, куы нæ сæ æххæст кæной, уæд та æнамонд, æййафдзысты хъизæмæрттæ, фыдбылызтæ. Лыстæг æркæсгæйæ, алы адæймаг йæхæдæг йæхи хъысмæт аразæг куыд у, афтæ адæм дæр æмхуызонæй сæхæдæг аразынц сæхи иумæйаг хъысмæт. Афтæмæй уæдæ адæймаг йæхæдæг хъысмæтæй аразгæ нæу, фæлæ хъысмæт у адæймагæй аразгæ. Æнæмæнг, уыцы хъысмæт Хуыцау фæзоны рагацау. Хуыцау рагацау зыдта Иудæ Искариоты сæфт, фæлæ Иудæ Чырыстийыл гадзрахатæй куы нæ рацыдаид, уæд йæхи не ’рцауыгътаид. Цардфæндаг равзарын адæймагæн йæхицæй аразгæ у, йæ фер- вæзын та - æрмæстдæр Хуыцауæй. Чырыстæтты зæрдæ фидар у Хуыцауæй, уырнæг адæмыл кæй ауды, Йæ арм сыл кæй дары, уымæй (1 Пет. 5:7). Уымæ гæсгæ æз æууæндын Хуыцауыл, хъыс- мæтыл та нæ. УДЫ ТЫХХÆЙ ,,..Æз тынг лæмбынæг хьусын дæ Беседæтæм, иунæг дæр дзы никуыма фæцух кодтон. Мæ зæрдæмæ тынг цæуынц се ’ппæт дæр, лæг дзы бирæ ног диссæгтæ, ног хабæрттæ базоны. Фæлæ айфыц- цаг иу Беседæйы фыстай, И.К.В. марды тыххæй, йæ буар, дам, баззади, фæлæ йæ уд Хуыцаумæ атахти, зæгъгæ, Библи та амоны уд туджы мидæг ис, уд царду æмæ мæлгæ дæр цард акæны... Куыд бамбарæн ис, уый?" Уды тыххæй Библи бирæ фыссы. Дæ фарстмæ гæсгæ æз афтæ бамбæрстон дæ хъуыды, уд амæлы буаримæ иумæ, уымæн æмæ „уд туджы мидæг ис". Фæлæ Æргомады чиныг куы райсæм 6:9-11, уæд уым бакæсдзыстæм: „Мæрдтæ" дзурынц æмæ Хуыцауæй курынц уæлæуыл цæрджытæй сын сæ маст сисын, уыцы мæр- дтæн сæхи туджы хæсмæ. Левитты чиныгæй цы фыстытæ систай, уыдоны ныхас цæуы фосыл, цæрæгойтыл, сæ туг æндæрхуызон кæмæн у, адæймаджы тугимæ абаргæйæ, уыдоныл. Ахæм хъуы- дыйыл лæуд у Чырыстийы ахуыргæнинаг Павел дæр, корин- фæгтæм йæ Фыццаг писмойы 15-æм сæргонды, 39-41 стихты. 220
Адæймаджы уд туг нæу. Буар æмæ туг сæхæдæг сæхи æгъ- дауæй нæ цæрынц. „Мард" кæй хонæм, уый та у æмыр буар æмæ цæмæй æгас уа, уый тыххæй дзы хъæуы Хуыцауы ахъаз, хъуамæ дзы царды фу бауадза, æмæ æрмæст уæд йæ „уд æрыгас" уыдзæн. Афтæ фыст ис Быт. 2:7 дæр. Туг зилдух кæны адæймаджы бураы, йæ уд та, йæ цард - туджы. Фæлæ удæн искуыма нæй æнæ тугæй цæрæн? Мæлæт та у буарæй йæ уды фæхицæн кæнын. Уæдæ уæд туг уд нæу. Уд у Хуы- цауæй лæвæрд царды улæфт адæймаджы туджы. Ам туг у адæймаджы буары мидæг цард ахæлиу кæныны фæрæз, æндæр ницы. Мæнæ электрон тых телтыл куыд ацæуы алырдæм, афтæ. Фæлæ электрон тых йæхæдæг уæддæр буарыхъæд у æмæ æнæ телтæй дæр йæхи базонын кæнын йæ бон у. Ахæм хатдзæг бакæсæн ис Хуыцауы Фыстæджы дæр Быт. 35:16-19: „Рахил куы марди, уæд йæ уд иста". Уыцы хъуыды ма бирæ рæтты фыст ис Евангелийы: Чырысти та загъта ноджы бæлвырддæр: „Ма тæрсут буары марджытæй, уд амарын йæ бон кæмæн нæу уыдо- нæй, фæлæ тынгдæр тæрсут Уымæй, уды дæр æмæ буары дæр Йæ бон кæмæн у æнусон зындон арты фесафын" (Мф. 10:28). „Уд фесафын", - уый бынтон æй фесафын нæ амоны, фæлæ йæ æмбарын хъæуы афтæ, фехалдзæн æй фæсахъат æй кæндзæн. Цæвиттон, адæм фæдзурынц: „ме ’взонгдзинад мын байсæфта", „мæ цард мæхæдæг фехæлдтон" æмæ афтæ дæрддæр. Удæн ис дыууæ бынаты: зындон æмæ дзæнæт, - дæлимо- нимæ, кæнæ Чырыстимæ. Уд дæлимоны бæрны куы цæра, уæд уый Библи хоны „Дыккаг мæлæт". Æцæг, æнусон цард та Чы- рыстийы лæвар у. Æмæ йæ адæймагæн йæ бон райсын у уырнындзинады фæрцы, кæд æй бафæнда, уæд. ЦЫУ ЦАРД? „...Куыд дæм кæсын, мæ лымæн, афтæмæй, бæгуыпæгау, бав- нæлдтай царды тыххæй фыссынмæ, фæлæ зонгæ кæныс, цард цыу, уый? Дæумæ гæсгæ, Хуыцауыл куы нæ æууæндай, уæд цæрæн нæй. Фæлæ дин къуылымпыйы хос кæй у амондджын цардмæ адæмы 221
фæндагыл, уый та нæ уыныс. Хорз æмæ советон бæстæйы раджы бамбæрстой хабар æмæ рагацау мыхуырмæ сæ фæндаг сæхгæдтой алы æдзæсгом æмæ цьаммартæн, мæнæ дæ хуызæттæн. Æндæр дæ лыстæг рафæрс, уæд цы зоныс, мæрдты бæсты цард ис нæй, уымæн? Дæ писмо æнæ ном кæй у, дæхи дзы кæй нæ бацамыдтай, уый тыххæй мæ бон у æмæ йын дзуапп ма радтон. Ноджы ма дзы кæрæй кæронмæ загъд-замана самадтай. Фæлæ уыимæ ахсджиаг фарст кæй æрæвæрдтай царды тыххæй, уымæ гæсгæ дын бафæл- вардзынæн дзуапп радтын. „Цы у нæ цард?" - фæрсы апостол Яков. Æмæ йæхæдæг дзу- апп дæр дæтты, „Пар, (ома тæвддоны тæф), ракæлы хæрзчысыл рæстæджы дæргъы, стæй æрбайсæфы" (Як. 4:14). Уый у нæ зæххон царды, дингæнджыты загъдау, нæ мæнг дунейы царды ныв. Дæумæ гæсгæ Хуыцауыл æууæндыны хъуыддаг къуылым- пыйы хос у, цæлхдур амондджын цардмæ прогрессæн. Æмæ цымæ амондджын схонæн ис, тæвд доны тæфау, хæрз чысыл рæстæг чи фæзыны æмæ чи æрбайсæйфы, уыцы цард? Æцæг дунейы æнусон цард кæй ис, ууыл неууæндæг адæм амондджын никуы уыдысты зæххон уæлæуыл царды дæр. Цæмæн? Уымæн æмæ Хуыцауыл неууæндгæйæ, Хуыцауимæ нæ фидаугæйæ, сæ зæрдæты фыддзинад йæдтæмæ ницы ис, сæхæдæг - загъдмондаг, масты дзæкъул, царды Æцæгадыл æнæууæнк, афтæмæй сæ цыбыр бонтæ талф-тулфæй æрвитынц. Чи зоны материалон цардыхостæ æнæмæнг самал кæндзы- сты æнæ Хуыцауæй дæр. Фæлæ уый æгъгъæд нæма у амондæн. Зæрдæйы мидæг Хуыцауимæ бастдзинад куы нæ уа, уæд зон, хионтимæ дæр нæ бафидаудзæн ахæм адæймаг. Æнæ уыдæттæй та де ’ппæт æнтыстдзинæдтæ хуынкъ капеччы аргъ дæр нæ уы- дзысты. Дæ бон у уырнæг адæмы куыдфæнды дæр схонын, фæлæ уыдон цард æмбарынц йе ’нусон нысантимæ. Цард æнусон кæй у, уый тыххæй та бирæ бæрæггæнæнтæ ис. Æнусон цард, - уды цард у, иннæтæ иууылдæр буарæй, тугæй, æндæрæй амæлынц æмхуызонæй. Уæлæуыл баззайы æрмæст уд. Уымæн нæй мæлæт. 222
ЦЫЗОНÆММАХ? „...Арæх дæ фехъусын, мæ хæлар, цы æнахуыр диссæгты кой райхъуысы, уыдон æцæг сты, æууæндын сыл хъæуы, зæгъгæ. Фæлæ никуыма бамбарын кодтай, цы у æнахуыр диссаг? Кæд æмæ æнахуыр диссаг æрдзы закъонты сæрты ахызт, уæд куыд æмбарын хъæуы уый?Хуыцау Йæхæдæг Йæхи æвæрд фидар закъонты ныхмæ цæуы, æви куыдГ Библи æнусты дæргъы ахæм чиныг у, æмæ дзы фæдызæрдыг, фæгуырысхо уæвæн мисхалы бæрц дæр ницæуыл ис. Цы æнахуыр диссæгты кой кæны, уыдоны тыххæй та афтæ зæгъын хъæуы, æмæ Хуыцауы æппындæр ницæмæн хъуыд Йæхи æвæрд закъон халын, исты диссаг равдисыны тыххæй, уымæн æмæ Хуыцау Йæхæдæг у æппæт закъонты, æппæт æрдзы сæр, Йæхæ- дæг сæ рафæлдыста иууылдæр. Уæвгæ та ахъуыды кæнын æм- бæлы æндæр хъуыддагыл: æрдзы закъонтæ сеппæт дæр цымæ махæн зындгонд сты? Цыдæриддæр дзы ис, уый зонæм цымæ? Æвæдза, аппæй бæлас сæвзæры, уый куы никуы федтаиккам, уæд нæ ницæйы тыххæй бауырныдтаид. Хурсыгъд Африкæйы цæрæгæн куы радзырдæуыд, донæн йæ бон афтæ фидар суæвын у, æмæ ихыл рацу-бацу кæн, сур зæххы хуызæн, зæгъгæ, уæд фырдиссагæй ныхъхъæр кодта: „Нæ мæ уырны! Уымæн гæнæн нæй!" Гъе уыцы африкаджы уавæрæны сты æппæт адæм дæр, æнахуыр диссæгтыл чи не ’ууæнды, Библийы хабæрттæ кæй нæ уырнынц, уыдон. Уæвгæ дæр зæгъынц: „Ницы хуызы ис фондз дзулы æмæ дыууæ кæсагæй фондз мин адæймаджы бафсадæн. Уый уымæн æмæ не ’мбарынц, нæ зонынц, алцыдæр кæй нæ зо- нынц, уый. Махæн Библи раргом кодта Хуыцауы Закъонтæй иу чысыл хай. Хуыцауæн Йæхицæн та се ’ппæт дæр хорз зындгонд сты, уымæн æмæ сæ рафæлдисæг Йæхæдæг у. Махмæ æнахуыр диссаг цы кæсы, уый Хуыцаумæ нымад у хуымæтæджы æргом раст хабарыл. Адæймагæн йæ размæ лæууы иунæг хæс: баууæнд ууыл, дæ 223
сæрызондæй бамбарын æмæ раиртасын дæ бон цы нæ у, ууыл. Хуыцауыл æнæ гуырысхойæ чи æууæнды, уымæн æнцон у бауыр- нын. УЫЙГÆНÆНИС? ...Библийы фыст ис: ,/Емæ Хуыцау бахæлиу кодта сыл-хæрæ- джы ком æмæ уый загъта Валаамæн (пахуымпарæн): „Цы дын кодтон, цæмæн мæ нæмыс мæнæ ныр æртыккаг хатт?!" (Числа 22:27-30). Æууæндыс дыуыцы хабарыл? Афтæ уыдаид æцæгдæр? Хæрæгæн цæй хъæлæс ис ныхæстæ кæнынæн, ныхæстæ фæфæзмынынц æр- мæст тутитæ (попугайтæ). Раст дын куы зæгъон, уæд мæн уырнынц æппæтхъомысджын Хуыцауы арæзт диссæгтæ. Хуымæтæджы раст хайуаны дзыхæй, чи зоны, схаудысты зæды ныхæстæ. Едемы дыргъдоны уæв- гæйæ, хæйрæг Евæимæ куыд ныхас кодта, калмы хуызы бацæу- гæйæ, афтæ. Адæм ныр базыдтой адæймаджы хъæлæс аразæг фæрæзтæй архайын æмæ дзы фехъусдзынæ цавæрдæриддæр мыр, цавæрдæ- риддæр хъæлæсы уаг. Уæдæ уæд Хуыцауы бон цæуылнæ хъуамæ уыдаид удæгас хæрæгæн цалдæр дзырды адæймаджы хъæлæсæй зæгъын кæнын. Мæгуыр æфхæрд хайуан уыдта йæ хицауы азым, æмбæрста, æнаххосæй йæ кæй æфхæры, уый. Фос та уæддæр ныхас фыссæг аппаратæй бирæ уæлдæр лæууы. Кæд æмæ дæ нæ уырны, уыцы хъуыддаг Хуыцау бакодта, уый, уæд дын æвæццæгæн, Хуыцау нæй. Хуыцауæн Йæ бон у, Йæ фадат амоны цыдæриддæр бакæнын. Хуыцау иппæрд нæу дис- сæгтæй. Уырнæг стыр ахуыргонд Гарри Риммеры йе студент афтæ бафарста, хæрæг адæймаджы хъæлæсæй Валааммæ сдзырдта, уый йæ уырны, æви нæ. Æмæ райста ахæм дзуапп: „Æз бирæ адæмы фехъуыстон хæрæджы хъæлæсæй дзургæ. Æмæ мын тынг 224
æхсызгон у, æгайтма кæддæр-уæдцæр иунæг хатт хæрæг адæйма- гау сдзырдта". ОККУЛЬТИЗМЫ НЫХМÆ „..Æвæццæгæн, фехъуыстаис ног ахуырад- оккулътизмы тых- хæй? Иу заманты тынг сарæх йæ кой, нырма баззади кæмдæрты ранæй-рæттыи. Уыцы ахуырады тыххæй зæгъæн ис Чырыстийы ныхæстæй мæнæ афтæ: „Цавæрфæнды зайæг халæн дæр, Мæ Уæларвон Фыд кæй нæ ныссагъта, уымæн сыскъуындзæн йæ бындзар" (Мф. 15:13). Уый хауы дины æппæт ахуырадтæм дæр, Чырыс- тийы ахуырады бындурыл чи нæ лæууы, уыдонмæ. Оккультизм ницы хуызы баивдзæн Йесо Чырыстийыл æгас уырнындзинад, йæ нæргæ дин. ÆНÆХЪУАДЖЫ СТЫ УАЙДЗÆФТÆ „...Ды фыстай æрдз æппæтæй дæр Хуыцауы фæрцы у нывыл арæзт, зæгъгæ. Æмæ ма мынуæдæ дзуапп радт: хæлуарæг йæ тын- мæ басайы æдылы æуункджын бындзы æмæ йын йæ туг бацъиры. Гæды фæхъазы мыстæй, стæй йæ æд сæр æд къæдзил аныхъуыры. Цы исуым нывыл уагæй? Ахæм хабæрттæ та, дæ къах скъур, æмæ алырандæр. Уый æгъатырдзинад нæу, уæдæ Хуыцауы ’рдыгæй?" Æцæгдæр ахæм хабæрттæ фендзынæ мингæйттæ, фæлæ дзы иунæг дæр Хуыцауы æгъатырдзинады æвдисæн нæу. Дыккаджы та, нæдæр æз, нæдæр ды, нæдæр æндæр исчи нæ зонæм, Хуыцауы рафæлдысты фæстæ дуне цы хуызæн уыди, цы уавæры, уый. Фæлæ æнхъæл дæн, тынг рæсугъд уыдаид. Библийæ зонæм, Хуыцауы коммæ нæ кæсыны охыл фыд- дзинад бахызти канд адæймагмæ нæ, фæлæ маргау ахъартта нæ зæххы дæр кæрæй-кæронмæ. 225
Хуыцауы закъонтæ куыд уыдысты, афтæ хæрз бæлвырдæй, Хуыцауæн Йæхи хуызæн æнаиппæй баззадысты абон дæр. Фæлæ адæймаджы æмæ цæрæгойты дунейы ивддзинæдтæн сæ уидаг ацыд арфдæр, мах куыд æнхъæл стæм, уымæй. Хуыцауы „æгъатырдзинады" тыххæй арæх фыссынц æнæ- хуыцау адæмы журнал „Наукæ æмæ дины". Адæм аразынц атомы бомбæтæ æмæ æндæр æвирхъау хæцæнгæрзтæ пырх кæ- нынæн, халынæн, дæрæнæн, сæхи æмхуызон удгоймæгты мары- нæн, стæй канд хæсты нæ, фæлæ сабыр дуджы дæр. Æмæ æнæхуыцау адæм уый нымайынц æмбæлгæ хъуыддагыл, æнæтæ- ригъæд цардыл. Ноджы ма уыцы æбуалгъы фыдмитæн агурынц алыхуызон æнæхъуаджы идеологон æфсæнттæ, философион аххосæгтæ. Сæ цæсгомы æфсарм та фынæй кæны. Рæстдзинады охыл хъыпп-сыпп сæ дзыхæй нæ хауы. Фæлæ тугдзых хъæрццыгъа исты лыстæг цъиуы куы аскъæ- фы æмæ йæ куы фæратон-батон кæны йæ дзæмбыты æхсæн, уæд æнæхуыцæуттæ фæрæвдз вæййынц Хуыцауы базылын кæнын- мæ, æгъатыр Æй схонынмæ, ома, Хуыцау рафæлдыста „ахæм æгъатыр дуне", зæгъгæ. Адæймаг фосæй иу чысыл уæлдæр дæр нæ лæууы? Уæд уæдæ цæуылнæ ауæрды фыддзинадæй йæхи хуызæн адæймагыл, цæмæн сисы хæцæнгарз йæхи хуызæны амарынмæ? Индустæ ауæрдынц канд фосыл нæ, зæгъæм, нывонды „хъуццытыл", фæлæ суанг хъæды сыстытыл дæр ма. Адæмы та дзыхъхъытæм æппарынц сасчъытæн æмæ алы хилæгæн хол- лагæн. Уый раст у? Æнæуырнæгтæ сæ хъæлæсы дзаг хъæр кæнынц, сидынц алырдæм æппæт адæмты æфсымæрдзинадмæ, Концентрацион лагерты та мардысты, стæй ма, чи зоны, ныр дæр мæлынц, хицауады идеологийæ разы чи нæу, ахæм адæмтæ. Уый раст у? Ацы хъуыддаджы æцæгдæр æрцыдысты Чырыстийы ныхæс- тæ цæстмæмигæнджыты тыххæй, къогъоты чи фæрсудзы, ма дзы аирвæза сæ хæринаджы, зæгъгæ, афтæмæй та æнæхъæн теуатæ чи ныхъуыры, уыдоны тыххæй, мæнæ ирон æмбисондау: 226
Кæмæн дæр, дам, йæ цæсты къала бæлас зади, иннæмæн та загъта: „дæ цæсты æрду". Хуыцауы Фыстæг нæ дæтты æгомыг удты тухæнæй марыны бар, афтæмæй та цас æмæ цас хъизæмæрдтæ æвзарын кæнынц адæм фосæн, суанг скъоладзаутæй райдай, коллекцитæн тæхгæ гæлæбуты чи хуынчъытæ кæны судзинæй, уыдон æмæ ахæццæ у кæмæдæриддæр. Уыдæтты фæстæ куыд раст у Хуыцауы къуыммæ тæрын, азы- мы Йæ дæттын, кæфхъуындар цъингуыр кæсаджы аныхъуыр- дта, зæгъгæ?! Хуыцауы æгъатыр чи хоны, аххосджын Æй чи кæны, уыдоны тыххæй бакæсæн ис фæсарæнты цæрæг уырыссаг фыссæг В. Крымовы чиныджы „Адæймаг хæлуарæджы тыны", зæгъгæ. Крымов фыссы, Японæй Гаванмæ цæугæйæ, науы фæдыл 7 мин километры чайкæтæ куыд тахтысты фæндаггæтты хæринаджы уæлдæйттæ ахсынмæ, уый тыххæй. Автор зылын кæны нæ Рафæлдисæджы, раст нæ бакодта мæргътæн, зæгъгæ; хъуамæ ахæм тыхмадзæлттæй цæмæн амал кæной сæхицæн холлаг уый хуызæн æвæджиауы мæргътæ!? Афтæмæй та Чырысти хъæбæ- рæй загъта, „уæларвон мæргътæ хор нæ тауынц æмæ нæ кæр- дынц, æмæ сæ хæссы Уæларвон Фыд". Чидæриддæр зоны, бахъуаджы сахат маргъ быдыры дæр æрбаддзæн. Чайкæйæн та йæ сæйраг хойраг у, фæндаггæтты уæлдæйттæ нæ, фæлæ кæсаг. Æрдззонынады кусæджы æмæ фыссæг Крымовы хатдзæгтыл куы ахъуыды кæнæм, уæд бафæрсын æмбæлы: æмæ уæдæ, уæ хорзæхæй, цæмæй цардысты чайкæтæ, адæм наутыл куы нæма ленк кодтой, уæд та? Афтæ æнæхуыцæуттæ æрхæццæ вæййынц æдылы æнæсæрфат хъуыдытæм, Хуыцау æгъатыр æмæ æнæджелбетт у, зæгъгæ, ууыл ныллæугæйæ. Стæй ма уый зæгъинаг дæн, кæд æмæ æнæ- хуыцæуттæ афтæ хъуыды кæнынц, Хуыцау нæй, уæд ма раст у, æви аххосджын, ууыл сæ сæртæ цæуыл змæлын кæнынц?! Хуыцау ис. Уый у рæстдзинад, æцæгдзинад. Æмæ æрхæццæ кæны, сæхæдæг æй сæхи дзыхæй куы зæгъдзысты „Ис", зæгъгæ, уыцы сахат, фæлæ уыдзæни æрæджы. 227
ФÆНДЫ МÆ ЗОНЫН „..Æвæдза, бирæ фарстытæ дæм æрвитынц адæм, се ’хсæн чы- сыл нæй, зондæй тыхджын чи у, ахæмтæ дæр. Ныр дæс азы бæрц кæсын дæ фыстытæ, цы фарстытæ дæм æрвитынц, уыдонæн дзу- аппытæ. Æмæ æнхъæлмæ кастæн, кæд дзы искуы исчи бафæрсид: цы у цард, цы у йæ рæсугъддзинад?! Соломон афтæ амыдта: „Хæр, нуаз æмæ рай, хъæлдзæг дæхи дæр, уымæн æмæ цард æнæхъæнæй дæр у тыхстзмæлд". Уæдæ уæд цæй нысан ис цардæн? Мæнæ мæ 73-æм аз ралæууыд. Баззадтæн иунæгæй, пълантæ та мæм куыннæ уыд, фæлæ мæ цард йæхæдæг иуварс раппæрста æмæ къæхтыл слæууынæн нал дæн. Афтæмæй та нæдæр нуазгæ кодтон, нæдæр хæргæ адæмы хуызæн, уæдæ хъæлдзæгдзинадæй, зæрдæрухсдзина- дæй дæр ницы федтон. Бафæрс мæ, уæд цæй тыххæй фæцардтæн, уый бæрæг нæй..." Ацы хъуыддаджы æппæтæй зындæр уый у, æмæ сæ царды нысаныл иуæй-иутæ æгæр æрæджиау райдайынц сагъæс кæнын, кæддæр 60 азы фæстæ, сæ зæронды уæз сæ куы æрæлхъивы, уæд. Зын дзурæн у царды нысаныл, де ’рыгон бонтæ куы аив- гъуыйой, уæд. Фæлæ уæддæр раст чи хъуыды кæны, уымæн æрæ- джы никуы у йæ царды нысаныл асагъæс кæнын, цардæй йæ мондæгтæ сисын. Афтæ зæгъæн дæр ма сын вæййы: мæ царды нысаныл фæхæст дæн, кæд мæ цæрæнбонтæ аивгъуыдтой, уæддæр! Æнæ нысанæй цæрын та у æппæты стырдæр бæллæх, йæхицæй карздæр ма ныууадз, ахæм, канд абоны дуджы нæ, фæлæ алы заманты дæр. Цæй тыххæй, кæй æнцой цæры лæг? Стæй цымæ æнæцæргæ нæй? Кæд цæргæ, уæд та куыд, уæззау уаргъджын цæмæй ма уа, фæлæ дын цин цæмæй хæсса, уый тыххæй? Ахæм сагъæсты бацæугæйæ, æз мæхæдæг 1946 азы 24 февра- лы фæлыг кодтон мæ тугдадзинтæ, мæ цард рæдыд у, зæгъгæ. Дыууæ къуырийы фæхуыссыдтæн рынчындоны, бахуыдтой мын мæ цонджы тугдадзинтæ. Уыцы дыууæ къуырийы дæргъы но- джыдæр та рахъавыдтæн афтæ бакæнын æмæ мæм уыцы хъуы- 228
дытимæ мæ зæрдæ куы сдзурид: лæг цæрынæн райгуыры иунæг хатт æмæ йын ис æнæмбал стыр æхсызгон ахадындзинад. Уый бамбарын у не хæс, хи уды царды нысан ссарын у нæ сæйрагдæр, нæ ахсджиагдæр хæс. Мæ царды нысан фæцагуырдтон æмæ йæ ссардтон Чырыс- тимæ. Уыцы фæрнæйдзаг рæсугъд хъуыды мæн разæнгард кæны ног цардмæ, сиды мæм фæллой кæнынмæ. Чырысти, - Уый у рæстдзинад, Æцæгдзинад, Хæлардзинад, Рæсугъддзинад. Уый дзуапп дæтты мæ уды фарстытæн се ’ппæтæн дæр. Царды нысан алкæмæн алыхуызон вæййы, уæвгæ та æппæтæн дæр у æмхуызон æнæивгæ æнусон нысан ацæргæ адæмæн дæр æмæ æрыгæттæн дæр, стæй цавæрфæнды уавæрты дæр, дæхи хæдзары уа, дæ рай- гуырæн зæххыл, æви æцæгæлон бæстæйы, хъауджыдæр нæу. Соломоны ныхæсты тыххæй кæй ской кодтой, уыдон бакæ- сæн ис Екклесиастты чиныджы кæронбæттæны, 12-æм сæргон- ды: „Тæрс Хуыцауæй æмæ Йын æххæст кæн Йæ фæдзæхстытæ, уымæн æмæ уыдоны мидæг ис цардæн йе ’ппæт мидис". Дæуæн та мæ цæст уарзы, зæрдæбынæй мæ фæнды, æркæс ногæй дæ цардмæ Евангелийы цæстæй æмæ Хуыцауы уазæг у! ÆНАХУЫР СУСÆГ НÆМТТÆ „...Уырнæг адæмы æхсæн алкæмæй алыхуызон хъуыды фехъуы- стон, нæмттæ Гог æмæ Магог цы амонынц, уый тыххæй. Уый фæдыл Библийы ныхæстæ дæр алыхуызон æмбарын, уыцы нæмт- ты тыххæй дзы цы фыст ис, уыдон, цыма, дам, калм „рахилдзæн адæмты фæливынмæ, нæ зæххæн йæ цыппар къуымы чи цæры, уыдоны, Гог æмæ Магогы æмæ сæ æмбырд кæндзæн тохмæ". Тынг мæ фæнды базонын цы амонынц уыцы дыууæ æнахуыр номыТ’ Раст куы зæгъон, уæд уыцы фарсты фæдыл бирæ алыхуызон хъуыдытæ, бирæ таурæгътæ цæуы æмæ сыл ницуал бафтауæн ис. Библийæ мах зонæм, Гог æмæ Магог кæй сты Зæронд Фæдзæхсты заманы нæмттæ. Хуыцауы Фыстæг кæсгæйæ, Магог 229
амынд у куыд Иоафеты фырттæй иу, Гог номыл та æмбæлæм Иезекиилы пахуымпарады чиныджы („Гог из земли Магог"), ома, „Гог Магогы бæстаг". Фæлæ нæмттæ сæхæдæг сæхи æгъда- уæй цы амонынц, уымæн ницы зонын. Чи зоны, уыцы нæмттæй схуыдтой æнæхъæн адæмты, бирæ дзыллæты иумæ, дæлимоны ахъазæй Хуыцауы ныхмæ тохмæ разæнгард чи у, уыдоны. Чи зоны, æмæ уыцы нæмттæ сты æппæт дунейы дæр Хуы- цауы ныхмæ хæстмондагдзинады нысан. Цыбыр дзырдæй, ничи йын ницы зоны. Уæвгæ та „зæххæн йæ цыппар къуымы" цæрæг адæмтæ кæй хонынц, уыдон æмбарын хъæуы куыд æгас дунейы пырхгонд дзыллæтæ, æцæгдзинадæй царды мидæг куыд у, афтæ. Æнæуырнæг дуне никуы æрсабыр уыдзæн тынг ахадгæ, фæлæ бæрцæй чысыл Йесо Чырыстийы аргъуанимæ, никуы бафи- даудзæн йемæ. VIII ЦАРДЫ АХСДЖИАГ ПРОБЛЕМÆТÆ ФÆТÆГТЫ НЫХМÆ „...Кæрæдзийы фыдкой кæнынц, афтæмæй сæ æфхæрæнтæ та - кæрæдзийы каутыл дур фехсæгау. Мах кæд чырыстæттæ хонынц, уæддæр стæм æнæхуыцæуттæй фыддæр. Сæ Хуыцау сыл рахатт æмæ адæмы сеппæты дæр фæнды кæй фæтæг, кæй прези- дент уæвын, цыбыр дзырдæй, æнæбазыртæй мæргътимæ тæхын. Æмæ цымæ цы рауайдзæн уымæй?Æмæ дæм фарн бадзурæд, фæлæ уæд та бафæлварис уый тыххæй ныффыссын?..." Уыдæттæ иууылдæр нымайын хъæуы Хуыцауæй иппæрды фæстиуджытыл æмæ сæ кæрон æрцæудзæн æфхæрæнтæм. Иуæй æз афтæ хъуыды кæнын. Æфхæрд чи цавæр мадзæлттæй цæу- дзæн, уый та нæ зонын. Аххосджын сты канд нæ адæмы раздзæуыджытæ нæ, фæлæ Чырыстийы фæдзæхстытæм гæсгæ чи нæ цæры, уыдон се ’ппæт дæр. Кæд æмæ Евангелийы афтæ 230
амынд ис „Чырысти знон, абон æмæ æнусты дæр уыцы-иу хуы- зон у" (Евр. 13:8), уæд æй афтæ æмбарын хъæуы, чырыстæттæ дæр хъуамæ кæддæриддæр уой сабырцардуарзаг, маст рохгæнæг, уарзæгой адæм. Нæ раздзæуджытæ сæхи æвдисынц æвзыгъдæй, хъæбатырæй, уæвгæ та сæ хъæуид, Иовы хуызæн, сæ сæртыл æртхутæг зæрын, уымæн æмæ азымджын сты. Æнæмæнг. Чырыстийыл æууæндæ- джы хуызæн дæхи дарыны æмæ æнæхъуаджы алыхуызон рæсугъд дарæстæй аив кæныны бæсты фæлтау мæгуыргуры цард дæр кæн бæгънæг, бæгъæввадæй. Быцæутæ, хъаугъатæ æмæ стыр бынæттыл хæлоф уым райдайы, адæм Хуыцауимæ сæ баст- дзинад кæм фехæлдтой, кæнæ сын æппындæр кæм нæ уыд ахæм бастдзинад. Искæйы фыдкой кæныны тыххæй та мæ уый зæгъын фæнды, æмæ, дзырдæн америкæгты куы райсæм, уæд уыдон тынг уарзы- нц чъиу æууилын, суанг ма йæ аргъуаны дæр сæ дзыхæй не ’ппарынц. Уырысы зæрдæмæ та уый нæ цæуы. Æмæ бæргæ нæу аив, фæлæ ахъуыды кæнгæйæ чъиу æууилын бирæ хуыздæр æмæ асламдæр у, бæлвырд аивдæр, де ’фсымæрты, дæ хионты „æууи- лынæй", ома сæ фыдкой кæнынæй. Аргъуаны бæрзонд кафе- дрæйæ уарзондзинады ахъаз чи æмбарын кæны адæмæн, уый æнæуи царды та æфсон агуры, йæхи æмхуызон кусæгæн кæм ахсына йæ хурх, кæм æй ацъист кæна. Мæ цæсты цур æрцыд ахæм хабар: сауджын æрхызти кафедрæйæ æмæ, йæхи æмхуы- зон кусæджы рæзты рацæугæйæ, зæхмæ йæ цæстытæ ниццавта, „дæ бон хорз" ын ма зæгъа, уый тыххæй. Ахæм чырыстондзина- ды уавæрты дзæгъæлы бæллæм дзæнæтмæ. Дзæнæты уавæртæ аразын хъæуы ам, зæххыл. Æрмæстдæр уæд байгом уыдзæн дзæнæты дуар æнустæм. АДАМ, КÆМДÆ? „...Мæнæн иунæг фырт ис, фæлæ дзы мæ зæрдæ рухс нæ кæны. Германы ацардыстæм иуцасдæр æмæ уым фæзминаг лæппу уыд бæргæ, бæллиццаг рæзгæ, суанг аргъуанмæ дæр цыд. Ныр ам Уæрæ- 231
сейы йæ хал йæ бæндæн фæхауд. Ус нæ куры, мæнмæ нæ хъусы. Хуы- цауы кой йын куы скæнай, уæд дардмæ лидзы. Цы æрхъуыды чындæуа ахæм адæймагæн? Куыд æгъдауæй ссардæуа фæндаг йæ зæрдæмæ? Стæйуæвгæ дæр цæмæнрауад афтæ?" Мæ фыртыл та дыууæ азы бæрц цæуы, æмæ тынг цæрдæг, тынг фыдуаг арæзт у, уыцы кары сывæллæттæ куыд вæййынц, афтæ. Æмæ ма уый уæдцæр æмбæлы, фæлæ „ахызти" ноджы дарддæр: суанг мын мæ чингуыты æрхæххытæ кæны, æвæц- цæгæн, æрмæст йæхæдæг кæй æмбары, ахæм цыдæртæ. Уымæй дарддæр къултæ рахъулæттæ кæны алыхуызон кърандашæй. Къус-къопп æнæ састæй нæ уадзы. Æрæджы та не ’скъапмæ бæндон сарæзта, сбырыд æмæ мæ электрон хилдасæн райста, йæ быны йæ æрæвæрдта æмæ йæ згъæлгай, винтгай бакодта ме ’рбацыдмæ. Фæлæ куыддæр бамбары, йæ фыдуагдзинад ын рабæрæг кодтон, уый, афтæ æмбæхсынмæ фæвæййы диваны бын, кæнæ йæ фæсчъылдым æнæ зынгæ ран. Ацы хабар уый тыххæй радзырдтон, æмæ адæм ныртæккæ бирæ цæмæйдæрты сты æнахъом сабиты хуызæн. Тæригъæд ракæн æмæ Хуыцауæй дæхи бамбæхс бакувыны æмæ фæфæсмон кæныны бæсты. Æвæццæгæн, дæ фыртæн дæр исты „уаринаг" ис Хуыцауимæ, æндæра афтæ нæ кæнид. Раст афтæ бакодтой Адам æмæ Евæ дæр. Дзæнæты Адам Хуыцауы хъæлæс куы айхъуыста, уæд алыгъди дарддæр. Цæ- мæн? Уымæн æмæ ракодта тæригъæд, стæй уыд бæгънæг, йæ астæуыл сыфтæртæй цы ронгонд æрбатыхта, уый йедтæмæ йæ буар бынтондæр гом. Æмæ йын уыцы „дарæс" æгъгъæд нæ уыд. Адæймаг Хуыцауæй уымæн лидзы, æмæ йæм æфсарм нал вæййы. Фæлæ кæдæм? Кæдæм фæлидздзынæ Хуыцауæй? Уæд- дæр дын æнæ сæмбæлгæ нæй Йемæ. Адам нæ зыдта Хуыцауы уарзондзинад, нæ йæ æмбæрста, æмæ йыл дæлимоны сайд уымæн æрцыд. Хуыцау та адæймаджы уарзы. Æмæ рацагуырдта Адамы: „Адам, кæм дæ?" Хуыцау æрцыд Адамы фервæзын кæнынмæ йæ æмбæхсæндонæй йæ ракæнынмæ æмæ йын Йæхи пъланмæ гæсгæ бынат скæнынмæ. Ирвæзын кæныны уыцы пълан Йесо Чырыстийы руаджы йæ куыст кæны. Хуыцау дард- 232
дæр дæр агуры адæймаджы: „Адам, кæм дæ?" Æмæ амондцжын уыдзæн, пыхсы бын чи не ’мбæхсы, фæлæ Хуыцауы размæ чи цæуы Йемæ фембæлынмæ, уый. Мæ хуыздæр уынаффæ дын Хуыцаумæ кувын дæ фырты тыххæй. Хуыцау Йæхæдæг зоны, дæ фырты зæрдæмæ фæндаг куыд ссарын хъæуы, уый. Æмæ дын ахъазгæнæг фæуæд! ЧИУРАСТ? „...Алчидæр зоны, зæххыя цас æмæ цас ыс чырыстон динтæ! Æмæ сæ бафæлвар раиртасын, чи дзы раст, чи зылын? Уымæ гæсгæ дзы иумæ дæр мæхи хæстæг нæ ласын. Хуыцауыл та æууæндын, куыд арæхсын, афтæ..." Хуыцау рагацау зыдта, æцæгады ныхмæ тохы хæйрæг йæ ных кæй сараздзæн чырыстон динмæ, хайгай йæ алыхуызон бирæ сектæтыл æмæ къордтыл ныддихтæ кæнгæйæ. Æмæ уыцы фар- стайы цæмæй адæймаг раиртаса, уый тыххæй Хуыцау радта Евангели. Фæлæ фæлитой дæлимон кæд йæ джитæнтæ цæгъды Хуыцауы Ныхас фæбынæй кæнынмæ, уæддæр ын дзы ницы уайы. Бавналут Евангели биноныг ахуыр кæнынмæ. Æмæ дзы, айдæнмæ кæсæгау, алчи фендзæн йæхи. Евангели уын баххуыс кæндзæн раст чи у, æмæ чи нæу, уый равзарынæн. Сыгъдæг Уд уын фæндаг бацамондзæн, Евангелимæ хæстæгдæр кæцы лæууы, уыцы чырыстон ахуырадмæ. Æмæ дзы уæ бынат ссардзыстут. Цы нæмттæ дзы ис, уыдоныл ма тыхсут. Нæмттæ сæхæдæг сæхи æгъдауæй ницæуыл дзурæг сты. Архайут сæ хъуыддæгтæм æмæ сæ архайдмæ гæсгæ сæ базоныныл. Чырысти афтæ амыдта: Кæд æмæ хорз ахуырад у, уæд йæ хъуыддæгтæй бæрæг уыдзæн. æппæтæй ахсджиагдæр та у удæн æнцойдзинад ссарын. Æмæ Чырысти йæ удыл кæмæн æрхæцыд, йæ уды Ирвæзынгæнæг кæмæн сси, уыдон сты иу зондыл хæст, иу фæндагыл цæуæг æнæфæхицæнгæнгæйæ. Хæйрæг архайы се ’хсæнты сын „къултæ" бацамайыныл, кæрæдзийæ сæ фæхицæн кæныныл, фæлæ йæ „къултæ" уæларвмæ нæ хæццæ кæнынц. 233
Чырыстийы Аргъуан уыди, у æмæ фидæн заманты дæр баз- зайдзæн дунейы рухсгæнæг цырагъæй. УÆЛАХИЗДЗИНАДЫ ЦАРД „...Дæхи уыцы радав-бадав кæн, уыцы хъахъхъæд кæн, уæддæр æнæнхъæлæджы фæкуыси уыдзынæ исты тæригъæды. Фæндгæ дæ иу хуызы кæны, уайгæ та дæ хъуыддаг æндæр хуызы кæны... Цæмæн у афтæГ Уымæн, æмæ афтæ уыдзæн, цалынмæ Чырстийæн дæ зæр- дæйы дуар байгом кæнай, уæдмæ. Цæуыл тыхсыс, мæ лымæн, уый æз тынг хорз æмбарын, мæхæдæг дæр бавзæрстон уыдæттæ. Мæ зæрдыл лæууы апостол Павелы ныхас дæр: „Цы мæ фæнды, уый нæ кæнын, фæлæ мын æнæуынон цы у, уый кæнын" (Рим. 7:15). Апостол Павел ууыл нæ ныллæууыд. Уый бамбæрста, „кæд æмæ мæ цы нæ фæнды, уый кæнын, уæд æй кæнын æз нæ, фæлæ мæ мидæг цы тæригъæд цæры, уый (Рим. 7:20). Уалынмæ иннæ сæргонды Павел ныффыста афтæ: „Царды фæрнæйдзаг закъон Йесо Чырыстийы ахъазæй мæн ссæрибар кодта тæригъæддзи- надæй æмæ мæлæты закъонæй (Рим. 8:2). Хуыцау ын балæвар кодта йæхиуыл æмæ йæ тæригъæдтыл фæуæлахизы фарн Йесо Чырыстийы фæрцы. Гъе, ахæм уæлахиздзинадхъуаг у махæй алчи дæр. Æмæ уыцы уæлахиздзинад уæ къухы бафтдзæн, куы уæ бафæнда, уæд. Чырыстийы бар уæхи бакæнут, æмæ Уый баххуыс кæндзæн. ИУДÆЙЫ ТÆРИГЪÆД ,,..Æз кæсын, æмæ ахæм хъуыдымæ æрцыдтæн: искуы-иутæй фæстæмæ чырыстæттæ (95 проценты) гадзрахатæй цæуынц Чырыстийыл. Мæнæ æз мæхæдæг дæр. Хъыг мын у бæргæ, фæсмон дæр кæнын æмæуый тыххæй мæхæдæг мæхицæй ме сæфт федтон, мæ зæрдæйы нæй æнцой". 234
Махæй алчидæр, чи фылдæр, чи къаддæр хайджын у Иудæйы тæригъæдæй. Æнцон баууæндæн нæу, фæлæ æрцыд æцæгдзина- дæй уыцы хабар, Чырыстийыл гадзрахатæй рацыд Йæхи зынд- гонд ахуыргæнинаг. Фæлæ цымæ чырыстæттæ се ’ппæт дæр æмбарынц, Чырыстийыл абон гадзрахатæй цæуын Иудæйы фыдгæндæй бирæ фыдцæр у, уый? Уымæн æмæ Чырыстийы ахуыргæнинагыл йæхи чи нымайы, царды та дзы йæхи иуварс чи ласы, уый тæригъæды цæуы æргомæй, Евангелийы цæхæркалгæ рухсмæ, кæцы Иудæйы рæстæджы нæма уыд. Мæ Беседæтæм гæсгæ бирæ адæм фæрсынц сæ писмоты: абоны дуджы чырыстон динæн йæ хъару цæуылнæ уал у дунейæн ахъаз кæнын? Мæ дзуапп цæттæ: уымæн æмæ зын ссарæн у, чырыстон дин кæм райдайы æмæ дуне кæм фæвæййы, уыцы арæн, бæстæ сæмхæццæ, сæмтъеры, дуне æмæ аргъуан цыма æнæфæхицæнгæн- гæ систы. Чырыстæттæн сæ фылдæр цæрынц сæ „фыдæлты" дины æгъдæуттыл, кæнæ фыдæлты дины аууоны æфсонæй æнæ динæй, æнæ Хуыцауæй. Æмæ æнæхуыцау цардæй кæй цæрынц, уый дызæрдыггаг нæу. Уæдæ цавæр хатдзæгмæ æрцыдæуа ам? „Æмæ хæрыныл куы æрбадтысты, уæд Йæ ахуыргæнинæгтæн Йесо загьта: зæрдиагæй уын зæгъын, уæ иу Мыл сымахæй рацæу- дзæн гадзрахатæй. Уыдон сæ сæртæ æруагътой, сæ зæрдæ асаст, æмæ сæ Ахуыргæнæгæн дызæрдыггæнгæ бакой кодтой алчи йæхæдæг: кæд миййаг мæнæй æнхъæлыс, Хицау?" (Мат. 26:20-22). Алы чырыстон дæр йæхи куы хъахъхъæна мæнæ ахæм хъуы- дыимæ: миййаг, цымæ æз нæ цæуын гадзрахатæй Чырыстий- ыл? - уæд чырыстон дин суыдзæн æвидигæ моралон стыр тых, æгас зæххы къорийы цард рæстырдæм рафæлдахынхъом, йæ хуыз кæй фæрцы скалдзæн, ахæм. БИБЛИ „ХУРМÆ ХÆССЫ" АИППЫТÆ „...Фарн дæм бадзурæд, мæ хæлар, фæлæ дæ Беседæты архайыс аиппытæ хурмæ хæссыныл. Мæнмæ гæсгæ та дæуæн нæй искæйы хъæнтæ адæмы тæрхонмæ хæссыны бар, уæлдайдæр чырыстон аргъуаны аиппытæ". 235
Ахæм бар алкæмæн дæр ис. Адæймагæн йæ аиппытæ ма рар- гом кæнын банымайын хъæуы нæ йæ уарзыны нысаныл. Лæгæн йæ хъæнтæ куы дзурай, уæд ын уымæй æмбарын кæныс, кæм рæдийы, уый. Адæймаг марг куы ахуыпп кæна дæ цæсты цур æмæ дæхи куы ныхъхъус кæнай, уæд дын нымад æрцæудзæн фыдракондыл. Мæнæн мæхиуыл дæр æрцæуы ахæм митæ, амын- дæуыд мын мæ хъæнтæ, мæ зылынтæ æмæ сын арфæ кодтон, рæдийын мæ кæй нæ уадзынц, уый тыххæй. Зонæм, алчи нæ уарзы йæ хъæнты, йæ аиппыты кой хъусын. Куы дæ æппæлой, уæд уый хорз у, фæлæ дæ куы фауой, уæд уый та бæллæх. Паддзах Ирод аргъ кодта Аргъауæг Иоаннæн, райгондæй хъуыста йæ ныхæстæм, цалынмæ йын Иоанн уайдзæф нæма бакодта, уæдмæ: „Нæ дын æмбæлы де ’фсымæры усимæ цæрын". Уый адыл æм Ирод фæхæрам. Махæй дæр алкæмæн бæргæ æм- бæлы йæхи бæрæг кæнын, уайдзæфæн быхсын æви нæ, мæ аипп мын мæ цæстмæ куы бадарой, уæд. Бынтон æвзæр та уый у, æмæ аргъуан æнæхъæнæй нæ уарзы, нæ быхсы уайдзæфтæн, йæ рæдыд ын йæ цæстмæ бадарын. Æмæ аргъуаны аиппытæ хурмæ хæссæг та Евангели, Чырыстийы ахуырад у. Кæд æмæ уайдзæф раст у, - Хуыцауы Фыстæг та æрмæст рæстытæ дзуры, - уæд ыл цæулнæ хъуамæ сæттай, цæмæ гæсгæ ныццæхгæрмæ уай йæ ныхмæ! Æрцæуы ахæм хабæрттæ дæр, æмæ канд Евангели нæ, фæлæ хуымæтæджы раст адæм дæр бацамонынц аргъуанæн йæ аипп. Æмæ сæм уæд быцæутæ саразын хъæуы? Герцен нын йæ заманы нæ аргъуан азийаг куы схуыдта, Чырыстийæн нæ, фæлæ пад- дзахæн чи кувы, ахæм, уæд уый мæнг ныхас уыд? Æмæ ныр уынут цæмæ æрцыдыстæм, кæдæм æрхаудтам æгæр дæр ма, уый: паддзах дæр нал, аргъуан дæр ныцъцъист. Хъуыстгонд уырыссаг цытджын критик Виссарион Белинский уырыссаг литературæйы классик Николай Гогольмæ фыста: „Ар- гъуан сси йæхс æмæ деспотизмы ахъаззæг фæрæз, йæ æгъдæнцой". Уыцы хъуыды бирæ хæттыты загъта Лев Толстой дæр. Æмæ ахæм карз уайдзæфтæн, æвæдза, сæ рæстæджы аргъгонд куы æрцыдаид, куыд сын æмбæлы, афтæ ахсджиаг хуызы, уæд, чи зоны, абон æн- дæр уыдаид йæ ахадындзинад чырыстон аргъуанæн дунейы царды. 236
ÆЛХÆД ÆРЦЫДЫСТУТ „...Апостол Павел Римæгтæм цы писмо арвыста, уым афтæ фыста: „Хæсджынæй макæмæй баззай" (Рим. 13:8). Æз та фехъуы- стон: ды балхæдтай хæдзар хæсджынæй 30 азы æмгъуыдмæ. Уæдæ уæд 30 азы хæсджын уыдзынæГ Чырыстийы ахуыргæнинаг уыцы ныхæстæ йæ писмойы уымæн загъта, цæмæй чырыстон лæг йæ кады ном хъахъхъæна, макуы фæфыдцзæсгом уа, уымæн æмæ йæ хæс чи нæ фиды, уый æгад кæны Чырыстийы Аргъуаны дæр. Банчы æфстауæй хæдзар балхæнын чырыстонæн æгады хос нæу, алы мæй дæр ын, цы æмбæлы уый къазнайæн куы фида, уæд. Уыцы хæдзар нæ балхæнгæйæ, уæд цæргæ баззадаин фатеры æмæ уымæн дæр æрвылмæй афтæ фыстаин йæ аргъ. Фæлæ ныртæккæ ницæмæй æгад кæнын чырыстоны ном. Стæй ма къазнамæ фидын æн- цондæр æмæ асламдæр у. Фæлæ хæдзар ныртæккæ дæр мæхи сæрмагонд исбоныл нæ нымайын. Уымæн æмæ чырыстон адæй- маг йе ’ппæт исбонимæ цæры Хуыцауы бæрны. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та: „Дæхæдæг дæхи æвджид нæ дæ" (1 Кор. 6:19-20). НÆЙ ÆХХУЫС КÆРÆДЗИЙÆН „...Алы хуыцаубоны дæр аргъуантæ бæргæ кусынц, фæлæ дзы адæм нæй, чи бацæуы, уыдон та кæрæдзимæ фæвæййынц исты хъуыддæгты фæдыл. Кæрæдзийæн æххуыс нæм нæй, кæрæдзи сæр нæ хъуыды кæнæм, суанг ма кувæг адæм сæхæдæг дæри. Зæрдæйæ фыдæх куы уай адæймагмæ, афтæмæй ХУЫ- ЦАУÆН КУЫ КУВАЙ, уый мæнæ телефонæй куы дзурай, йæ телтæ скъуыдæй, уымæй уæлдай нæу. Кув, цасдæриддæр дæ фæнды, судз цырæгътæ, дæ ных пъолыл дæр цæв фыр зæрдиаг куывдæй, фæлæ дæ зæрдæйы мидæг маст куы дарай, тæригъæ- дæй куынæ ссыгъдæг кæнай дæхи, уæд дæ куывтытæ, дæ табутæ мисхал дæр нæ радавдзысты. 237
Раздæр уал бафидауын хъæуы Хуыцауимæ, зæрдæмæ райсын хъæуы Чырыстийы. Æрмæстдæр уæд бауарздзысты адæм кæрæ- дзи. Цас æмæ цас цин æрцæуид зæхмæ, чырыстæттæ Хуыцауимæ бафидауыны мадзал куы ссариккой, уæд! Æгас дуне йæ хуыз скалид, фыр рæсугъдæй цæхæр акалид! Адæм, иу мады зæнæгау, æфсымæртæй цæриккой. Æмæ аргъуантæ дæр афтид нæ уаик- кой, дзыллæ кувынмæ æхсызгонæй цæуиккой. Африкæйы цæры æнахуыр мæлдзыджы мыггаг, дунейыл æндæр искуы чи нæй, ахæм. Æппæт иннæ мæлдзыджытау, афри- каг мæлдзыджытæ дæр сты тынг куыстуарзон, фæлæ ма сæм иннæтæй хъауджыдæр иу ахæм бæрæг миниуæг ис: кæрæдзийæн æххуыс. Мæлдзыджытæй искæцы куы фæлæмæгъ вæййы, йæ хъару куы асæтты, змæлын куы нæ уал фæфæразы, уæд æй сыфцæй айсынц тыхджындæртæ се ’ккойы æмæ йæ се ’мбæх- сæндонæй хæрдмæ уæлзæхмæ сæппарынц, „сулæфынмæ", йæ уд йæ мидæг æрцæуынмæ. Мæлдзыджытæ кæрæдзиимæ нæ тох кæнынц. Уæд адæм мæлдзыгæй чысыл уæлдæр уæдцæр не сты? Сæ кæрæдзийæн аргъ цæуылнæ кæнынц? Кæрæдзийы хъизæма- рæй цæуыл марынц? Бынтон хиуарзон цæмæн систы, сæхицæн фыддæр уæвгæйæ æмæ иннæтæн дæр сæ цард æнад кæнгæйæ? Ахæм уавæрæй фервæзæн ис? Ис! Дæ галиу митыл æрфæсмон кæн æмæ дæхи Чырыстийы æвджид бакæн. Уый дын дæ дур- зæрдæ баивдзæн ногæй, фæлмæнæй. ДУНЕИМÆ ИУМÆ, ФÆЛÆ ИППÆРДÆЙ „...Цæвиттон, чырыстон аргъуан йæхи нæ хицæн кæны æгас дунейæ, Чырысти куыд нæ хицæн кодта дунейы, афтæ. Сымах та хонæм сектанттæ (сектæ, ома, хицæн хай), уымæн æмæ уæхи фæиппæрд кодтат æнæхъæн æхсæнадæй, уæхиуыл æрæхгæдтат уæ дуар, кæд æмæ никæимæ фемхæццæуаиккат". Æцæг чырыстон уæвын æмæ æгас дунейы уагыл цæрынæн амал ницы хуызы ис. Хæйрæг æппындæр нæу дины ныхмæ, дæ иу къахæй дунейы куы лæууай, уæд. Уый у, хæйрæджы цы 238
фæнды, уый. Ды зæгъыс: аргъуан раст кæны, дунейæ йæхи кæй нæ хицæн кæны, уымæй. Уæдæ Чырыстийы ахуыргæнинаг Иаков та æндæр хуызы зæгъы: „Дунеимæ хæлардзинад у, Хуы- цауы ныхмæ фыдæхдзинад! Дунеимæ хæлар уæвын кæй фæнды, уый свæййы знаг Хуыцауæн" (Иак. 4:4). Цы у дуне? Хуыцауæй цы нæ у, Хуыцауæн кады хос нæу. Æгас дунейæ адæймаджы фындзыл уайы тæригъæддзинады тæф, æрмæст дины ахорæнæй ахуырстæй. Хуыцауæн Йæ бон нæу ахæм дуне сыгъдæг, æнаипп схонын. Кæй зæгъын æй хъæуы, Чырыстон адæймагæн Йæ бынат моладзандон, миййаг нæу, фæлæ дуне. Мах хуынд стæм дунемæ цæрынмæ, фæлæ дунейæг- тæ хъуамæ ма уæм. Чырыстон хъуамæ цæуа дунейы æхсæнмæ, адæмы æхсæнмæ, цæрын та йæ хъæуы Евангелимæ гæсгæ. Библи зæгъы: Чырысти тæрхонгæнæг уыдзæн дунейæн. Æмæ уыцы тæрхоны бон æрбахæстæг кæны. Йесо дзуарыл тыгьдæй амарди „цæмæй нæ фервæзын кæна ацы мæнгард дунейæ" (Гал. 4:4). Дунейæ чи нæ фæхицæн уа, уый бабын уыдзæн йемæ иумæ, йæ дин дзы ницуал радавдзæн. Фыссæг Измаиловмæ иу ахæм уацмыс ис: Зæхкусæг бавдæлд æмæ йын йæ цæхæрадоны хуымтæ чи æхсыдта, уыцы сырддон цъиутыл æрæппæрста хыз æмæ сæ уисæй нæмын байдыдта. Иу цъиу дзы фæцæрдæг æмæ скуывта: „Ма мæ нæм... Æз сырддон цъиу нæ дæн, æз дыгоппон дæн..." Лæг уæддæр цъыччытæ кодта цъиуы, афтæ дзургæ: „Дæуæн дæр афтæ хъæуы, дæхи цы сбастай фæлитой мæргътимæ!" Библи зæгъы: „Æвзæр æхсæнадтæ халынц хорз æгъдæуттæ". Чырысти хордта æмæ нызта тæри- гъæдджынтимæ иумæ, сæ зæрдæтæм сын фæндаг ссарыны æмæ сæ тæригъæдæй фервæзын кæныны тыххæй. Æмæ кæд семæ æмбадт, æмхæрд уыди, уæддæр Йæхимæ тæригъæд не ’руагъта. Фæлæ мах къухы афтæ нæ бафтдзæн æвæццæгæн. МУЗЫКÆ - ЦАРДЫ ДЗЫХ „...Кæддæр цыма, чырыстæттæ литературæмæ цы цæстæй кæсынц, уый тыххæй фыстай? Демæ разы дæн, фыццаг чи- 239
ныг хъуамæ Быбли уа, зæгъгæ. Фæлæ музыкæмæ та цы цæстæй кæсыс?" Музыкæ мæнмæ гæсгæ у уды æвзаг, зæрдæйы дзых, адæймаг йе ’нкъарæнтæ цæй фæрцы гом кæны, уыцы фæрæзтæй иу. Фæлæ æнкъарæнтæ алыхуызон вæййынц. Музыкæ дæр афтæ алыхуызон у. Ис чъизи, æнаккаг æнкъарæнтæ. Æмæ музыкæйæ дæр вæййы ахæм. Уый фыдырдæм ахъазгæнæг у адæймагæн (зæгъæм америкаг джаз). Сыгъдæг алæмæты музыкæ та, зæлдагау, йæ зæлтæ зæхмæ æрызгъæлдта, йæ нывтæ æрнывæзта уæлæрвтæй. Музыкæ бирæ тыхджындæр у ныхасæй, дзырдæй, бирæ бæлвырддæр æвдисы адæймаджы зæрдæйы æнкъарæнтæ. Кæд æмæ исты ис уæларвæй зæхмæ æруадзгæ, уæд æрмæстдæр музыкæ. Фæлæ ныртæккæйы дуджы композиторты уацмыстæ адæймаджы удмæ кæй нæ сидынц уæларвмæ, уый æнæмæнг тынг хъыгаг у. Уый нæ фæлæ ма йæ æлхъивынц бынмæ, зæхмæ. Уый та уымæн, æмæ уыцы музыкæ аразæг композитортæ нæ зонынц Хуыцауы, нæ Йын зонынц Йе ’ппæт хъомыс дунейы цардæн. РЫНЧЫНДОНÆЙ „...Мæнæн иу хæлар уыд. Фараст азы мæ хæдзары фæхордта, фæнозта. Никуы ницæмæй бацыдтæн йæ зæрдæхудты. Нырмæхæ- дæг сæйын рынчындоны æмæ мæм æцæгæлæттæй чи не ’рбацыд, ахæм нæй, суанг ма æндæр диныл хæст уæвджытæй дæр. Фæлæ мæ „хъаймæты"хæлары та цæстæй дæр нæуынын. Тынгхъыгмын у. Æмæ мæ зæрды æрæфтыдуый тыххæй дæумæ ныффыссын..." Зынаргъ æмбал! Иовæн йæ хæлæрттæ тынг хорз уыдысты, цалынмæ æнæниз æмæ хъæздыг уыд, уæдмæ. Йæ ныхасæн ын аргъ кодтой, цæхх-кæрдзын йемæ хордтой. Фæлæ Иов куы фæ- рынчын, уæд æй адте кодтой сæхицæй æмæ йæ хæлæрттæ систы дзæгъæл куыйтæ. Уыцы зын сахат Иов йæхицæн ссардта хæлар - Хуыцауы: „Æз та зонын, Мæ Ирвæзынгæнæг æгас у!" - йæ 240
дзыхæй ахæм ныхас схауд иу зын сахат. Дæ Ирвæзынгæнæг дæр цæры уæдæ, зынаргъ æмбал. Фæнды Йæ дæ хæстæгдæр Хæлар уæвын. Хуыцау хатгай æруадзы хæлæрттыл, хионтыл зæрдæ фæхудыны фадат, цæмæй иннæтæ, ома, мах неппæт дæр февва- хсдæр уæм Хуыцауæн Йæхимæ, цæмæй нæ тæккæ æцæгдæр, æнæсайддæр Хæлар махæн уа нæ Уæларвон Фыд Йæхæдæг. Дæуæн та, мæ лымæн, дæ зæрдæйы рыст банцайын кæндзæн Чырысти, дæ хъæдгом дын байгас кæндзæн Йесо, баууæнд Ыл, æндæр. Уый дæ никуы ныууадздзæн дзæгъæл, æвæгæсæгæй. Ныр та уал хæрзбон, æнæниз у! ХОРЗ ХОС „...Хæсты тыхстыты рæстæгæй нырмæ мæ нервытæ æппын- дæр нал бæззынц, раст дзырд дæр мæ нал ныгъуылы æмæ иудадзыг мæстджын дæн мæ лæгимæ дæр, фæлæ мæ уый не ’мбары. Аф~ тæмæй та нæ дыууæ дæруырнæг адæм стæм". Цæвиттон иу сылгоймагæн хъуырхъуыргæнаг лæг уыд. Æмæ ус бацыд зонгæ дохтырмæ æмæ йын загъта: „Дæ хорзæхæй, дох- тыр, исты хос мын радт мæ нервытæн. Нæ лæг мæ куы смæст- джын кæны, уæд мæхи уромын нал фæфæразын..." Дохтыр ын авджы хос радта æмæ йын загъта: „Дæ лæг йæ куыстæй куы ’рбацæуа, уæд-иу ацы хосæй басцымæн уидыджы дзаг бахуыпп кæн. Æрмæст æй фæстæмæ дæ дзыхæй ма ракал, стæй йæ ныхъуыргæ дæр ма акæн хуыссынафонтæм". Къуырийы фæстæ та фембæлдысты æмæ дохтыр фæрсы усы: „Цæй куыд у? Мæ хос дын феххуыс?" Сылгоймаг загъта: „Æгæр дæр ма, æгæр. Бузныг дын. Ноджыдæр ма мын иу авг куы рафыссис? Мæ низ ацыд". Уыцы хос дæ бон райсын у æнæ рецептæй дæр, - загъта дох- тыр. - Æз дын радтон хуымæтæджы дон иу чысыл ахуырстæй!... Дæ дзыхыл хæц, фæраз æмæ фæуæлахиз уыдзынæ дæ низыл, дæлимон дын нал рæхойдзæн дæ нервытæ. Ноджы хуыздæр та - зæрдæбынæй кув. 241
ТÆССАГ ХАБАР „...Мæ мад газетты арæх фæкæсы дæ Беседæтæ, стæй зæгъгæ дæр фæкæны, ды Библи хорз зоныс, зæгъгæ. Мæнмæ ахæм фарст ис: мæ зæрдæмæ тынг цæуы нæ къласæй иу лæппу, стæй зонын, уарзгæ дæр мæ кæны. Æмæ хъавы нæ хæдзармæ æрбацæуынмæ, кæд æмæ бафидауиккам. Фæлæ мæ ныййарджытæ куыддæр базоной, лæппу æндæр диныл хæсту, уый, уæд иннæрдæм ныззилдзысты, фæхицæн нæ кæндзысты. Ау æмæ Евангели адæмы нæ ахуыр кæны, æппæт дзыллæ дæр æмхуызон сты, ууыл? Гъе, уый тыххæй ма ныффысс, дæ хорзæхæй, кæд æй мæмад бакæсид..." Евангели æцæгдзинадæй амоны, адæм сеппæт дæр æмхуызон кæй сты, уый, æрмæст дзы алчидæр у тæригъæдджын, фæлæ чи фæфæсмон кодта, ахæмтæ дæр дзы ис. Æнæмæнг, ис дзы Чырыс- тийы ныхмæ цæуджытæ дæр. Æз нæ зонын, Чырыстимæ цы зæрдæ дарут дæхæдæг дæр æмæ дæ усгур дæр, уый, фæлæ фида- рæй зæгъын, кæрæдзи зонд чи бамбары æмæ баиувæнд чи скæ- ны, уыдон сæ дыууæ дæр иухуызон диныл хæст куы вæййынц, уæд сын сæ къайад æрхæссы бирæ фылдæр цин æмæ арфæ. Дæ ныййарджытæ уый хорз зонынц, ис сæм фæлтæрдзинад дæр. „Дыууæхуызон" дины та иу бинонты æхсæн зынтæй фидауынц, уæлдайдæр сæм сывæллæттæ куы фæзыны, уæд. Ды, æвæццæ- гæн, æнхъæлыс, уарзондзинад æппæтыл дæр фæуæлахиз уыдзæн. Фæлæ уый афтæ нæу. Дæ цины дидинджытæ куы азгъæлой æмæ бинонты царды куы аныгъуылай, уæд уайтагъддæр сбæрæг уы- дзæн дæ ахъаззаг рæдыд, срастгæнæн кæмæн нал ис, уый. Еван- гели уынаффæ кæны уырнæгæн мой кæнын æмæ курын æрмæс- тдæр уырнæджы (1 Кор. 7:39). Кæд Чырыстийыл æууæндыс куыд дæ Ирвæзынгæнæгыл, уæд æууæнд, Уый дын кæд рарвитид аккаг æмбал цардæн. Арæхдæр кæс Евангели æмæ мæ Беседæтæ дæр дæ ныййарджытимæ иумæ. 242
ИСТÆУЫЛ ТЫХСЫН ХЪÆУЫ? „...Евангелийы афтæ фыст ис: ,^Еппындæр мацæуыл мæт кæн, ахуыр кæн уæларвон мæргътыл. Уый цавæр æдылы фæнд у? Ау! Лæгæн куыд исмæргъты цардæй цæрæн?" Евангелийы ныхæстæ раст нæ рахастай æмæ Чырыстийы дзырдæн йæ хъуыды иу чысыл фæгалиу. Ацы фарста, куыд фыст у, афтæ йæ æмбарын хъæуы: „Дæ уды мæт ма кæн, цы бахæр- дзынæн, цы баназдзынæн, мæ уæлæ цы скæндзынæн... Скæсут ма уæларвон мæргътæм, нæдæр таугæ кæнынц, нæдæр хор кæрдынц, нæдæр исбон æмбырд кæнынц, æмæ сæ Уæ Уæларвон Фыд хæссы" (Мф. 6:25-26). Уæларвон мæргътæ куыд цæрынц, афтæ цæрæн ис зæххон адæмæн дæр, стæй сæ цæрын дæр хъæуы афтæ. Уый амондджын цард у, æдыхст цард. Мæргътыл ахуыр кæнын афтæ нæ амоны, фырæгуыстæй бон изæрмæ дæхи хурмæ дар. Мæргътæ тынг куы- стуарзон сты, уæвгæ та сын ис алы куыстæн дæр йæхи рæстæг æмæ бæрц. Мах ма райсом раджы нæ ком фæивазæм, афтæ мæргътæ фæсыгъдæг кæнынц сæ бырынчъытæ, аходæн хæрд фæвæййынц æмæ сæхи рæвдз кæнынц тæхынмæ. Куыстытæ сын бирæ ис æмæ сæ æнæзивæг æххæст дæр кæнынц, хæлиудзыхæй æнхъæлмæ нæ кæсынц, исты саскъ бырынкъмæ йæхæдæг кæд батæхдзæн, уымæ. Сæхæдæг сæхицæн кæнынц ахстæттæ, сæ лæппынтæн æмбырд кæнынц холлаг æмæ сын æй сæ дзыхы тъыссынц, æнахъом сывæллонæн йæ мад куыд фæдары хæринаг, афтæ. Уæддæр сагъæсы сæхи не ’фтауынц, сомбон цы бахæрдзы- стæм,цæмæй аирвæздзыстæм, зæгъгæ. „Ратдзæн Хуыцау бон, ратдзæн хæринаг дæр", - уый чырыстон лæджы æмбисонд у. Адæм та, сомбон нæма æрцæуы, афтæмæй сæхи стыхсын кæ- нынц, куыд уыдзæн, цы уыдзæн... Æмæ Чырысти дæр уымæн амыдта, мæргътæм кæсут æмæ уыдоныл ахуыр кæнут, сæ цард сын циндзинад, æхсызгондзинад куыд хæссы, уый фæзмут, зæгъгæ. Чырыстийы ахуыргæнинаг Павел дæр уымæн амыдта: „Иуда- дзыг тыхст-уырыд ма ут. Уæ курдиæттæ, Хуыцауы раз кувгæйæ 243
æргом кæнут". Уый уын бацамондзæн, куыд æмæ цы кæнын хъæуы, уыдæттæ. Адæмыл сагъæсгæнæг Хуыцау Йæхæдæг у. КУЫД ЧЫНДÆУА? „...Бирæ мæстытæ уынын мæ хæдзары. Кувгæ бæргæ кæнын, фæлæ та мæнæ знон дæр хæйрæг мæ быны бабадти мæусы фæрцы æмæ мæ, топпæй æхсæгау, кодта. Цæй тыххæй куы зæгъат, уæд мæ мæйы пенси арвыстон нæ чындзыцыд чызгæн йæ цотæн исты лæвæрттæ балхæныны тыххæй. Æмæ загъд цæттæ. Цы гæнгæ мынуахæм сахат?Цы чындæуа?" Фæлитой дæлимоны сырхзынг фат нæ хауы йæ нысанмæ, нæ сæр куы фæгуыбыр кæнæм, уæд. Дæ сæр фæгуыбыр кæн æмæ фат дæ рæзты æхситтгæнгæ аивгъуыйдзæн. Дæлимонимæ тох- гæнæн нæй, фæлтау дæхи ныхъхъус кæн æмæ уæд уый дæр йæ „гæрзтæ" æрæвæры. Хи сабыр дарын, схъиуд ныхæстæ æмæ ми- тæ нæ кæныныл та сахуыр уыдзынæ æрмæстдæр Чырыстийыл. ЛИТЕРАТУРÆ, ФÆЛÆ ЦАВÆР? „...Раст уын куы зæгъон, уæд ахæм дингæнæг адæмыл фем- бæлдтæн, Библийæ фæстæмæ æппæт иннæ чингуытæ нымады дæр кæмæ не сты. Дæумæ та куыд кæсы, литературæйæн цы аргъ кæныс?" Библийæ фæстæмæ æппындæр чи ницы кæсы, уыдонæй ницы уыййас сæфы. Сæрмагондæй мын мæхи фæрсыс æмæ дын зæгъын: Мæ фыццаг чиныг мæнæн у Библи, фæлæ иннæ чин- гуытæй дæр мæхи æнæхай нæ кæнын, адæймаджы хъомыладæн ахъаз чи у, сæрызонд цæй фæрцы тыхджын кæны, ахæмтæй. Лев Толстой мæнæ афтæ хуызы дзырдта: „зæххыл чингуытæ бирæ ис, нæ цард та хæрз цыбыр, уымæ гæсгæ бакæсынмæ чингуытæ æвзарын хъæуы тынг хъавгæ, раздæр сыл лæмбынæг ахъуыды 244
кæнгæйæ, рæнхъ-рæнхъ алы чиныг нæ, фæлæ". Ис ахæм чин- гуытæ, рæсугъд царды хуызæн, дæхи дæхæдæг кæм уыныс, дуне дæм æнæхъæнæй кæм зыны, ахæмтæ. Æмæ сæ бакæсынæй зæрдæ рухс кæны, мæнæ цыма дæхи сыгъдæг доны анадтай, уыйау дæ уæнг срог вæййы. Ис æндæр хуызы чингуытæ дæр, смаггæнæг цъыфдзасты æнгæс. Ахæм чингуытæ афæстаг рæстæг уæлдай арæх систы. Калын сæ хъæуы иуварс чингуыты тæрхæгæй. Стæй ма иу ахæм ахсджиаг фиппаинаг: адæймагæн рæстæг куы нæ уа Библи кæсынæн, уæд ын хъуамæ фадат ма уа æндæр чингуытæ, суанг тынг хорз чингуытæ кæсынæн дæр?" СЕКТАНТТÆ НÆ, ФÆЛÆ ЧЫРЫСТИ „...Адæммæ сидын хъæуы иудзинадмæ, хицæн сектæтыл, хицæн къордтыя сæ дихтæ кæныны бæсты..." Чырыстийы ахуырад кæд ды сектæ хоныс, уæд, ды æнæмæнг раст дæ. Фæлæ дæ уæд афтæ бафæрсинаг дæн: кæй алфамблай, кæнæ цæй алфамблай хъуамæ æмбырд кæной адæм? Афтæ дæм нæ кæсы, адæм иудзинадмæ æрцæудзысты, папæйы кæнæ патри- архы алфамблай куы æрæмбырд уой, уæд? „МÆНМÆ раздæхут, æмæ ирвæзт уыдзыстут" - зæгъы Хуыцау (Ис. 45:22). Стæй ма ноджыдæр: „Раздæхут, кæмæй рахаудтат, Уымæ" (Ис. 31:6). Уымæ æмæ æрмæстдæр Уымæ сидынц мæ Беседæтæ. ЦÆМÆН ÆХСЫНЦ СЕ ’ФСЫМÆРТЫ ТОППÆЙ „...Мæ зæрдæмæ фæцыди дæ дзуапп милитаризмы тыххæй. Фæлæ ма зæгъ, дæ хорзæхæй, чырыстæттæн сæ фылдæр се ’фсы- мæрты цæмæн æхсынц топпæй?" Евангелисттæ Лука æмæ Марк фыстой, Чырысти куырмы куыд сдзæбæх кодта, уый тыххæй. Йесо уырзæй андзæвыд куыр- мы цæстыл æмæ йæ бафарста, исты дзы уыныс æви нæ? Куырм 245
хæрдмæ скаст æмæ афтæ бакодта: „Уынын цæугæ адæмы, бæлæ- сты хуызæн" (Мрк. 8:23-24). Дыккаг хатт та йыл Йæ къухæй куы бандзæвыд, уæд куырм ракаст йæ цæстæй æмæ бæлвырдæй федта: бæлæстæ бæлæстæй, адæймаджы адæймагæй. Бæллæх уый мидæг ис, æмæ Чырысти кæддæр куыддæртæй кæуыл андзæвыд, уыцы чырыстæттæй бирæтæ кæсынц адæймаг- мæ æмæ сæм зыны бæлас. Уыдоны æрцæуын хъæуы Чырыстимæ æмæ Йæм бахатын хъæуы дыккаг хатт, куы ма бахъæуа, уæд æртыккаг хатт дæр, цæмæй адæймаджы уыной æцæг адæйма- гæй. Разы дæн демæ, мæрдтæн удæгæстæй фылдæр аргъ кæнынц, зæгъгæ, уый тыххæй. Мæрдты æппæлын сисынц сæ ныгæнæн бон, цы нæ уыди, уый дзы скæнынц, йæ чырыны йын дидин- джытæй сфæлындынц, газеты йын тæфæрфæс ракæнынц. Удæ- гас адæймаг нымады дæр никуы у. Æмæ бирæ чырыстæттæ уымæн нæ сисынц бæрзонд сæ хъæлæс, хæсты кæрæдзи цæгъд- гæйæ, кæцыфæндыйы дæр фехсынц, сæ цæст дæр нæ ныкъу- лынц, афтæмæй. Библи зæгъы, Чырыстийы миназы паддзахдзинады онгты афтæ кæрæдзийы цæгъддзысты. Ууыл алкæйы дæр ахъуыды хъæуы йæхи тыххæй. ЧИ БАХХУЫС КÆНДЗÆН? „...ÆЗ ЧЫРЫСТОН НÆ ДÆН, фæлæ мæ фæнды чырыстон суæвын. Кæсын райдыдтон дæ Беседæтæ дæр æмæ æндæр литера- турæ дины фæдыл. Æмæ бынтондæр сдызæрдыг дæн: кæм и рæст- дзинад? Базыдтон, чырыстон дины бирæ алыхуызон здæхтытæ ис, мæ сæр сæ разылд сæ фырбирæйæ. Чи мын баххуыс кæндзæн уыцы уавæрæй фервæзынæн?" Баххуыс дын кæндзæн æрмæстдæр Евангели, байгом дын кæндзæн ирвæзыны фæндаг. Библи амоны, аирвæзынæн кæй ис æрмæстдæр иунæг раст фæндаг æмæ фæдзæхсы, кæй уыдзæн бирæ мæнг ахуырæдтæ æмæ мæнг фæндæгтæ сæрсæфæнмæ. Æмæ уыдон хъæуы зонын. Уый тыххæй дын амонын Библи. 246
Рафæлдах æй æмæ дзы ссар мæнæ ацы бынæттæ: 2 Пет. 2:1, 3; Пр. 14:12; Мф. 7:13-16. Стæй дын зæгъын, дæ тыхст уавæрæй нæ фервæздзынæ, цалынмæ Чырыстийы ныхасмæ не ’рцæуай, уæдмæ: „Раиртасут Хуыцауы Фыстæг" (Ин. 5:39). Ма кæс дины литературæ æнæ Библи, кæй кæсыс, уый бæрæг кæнын хъæуы Библийы, уым дæр афтæ фыст у, æви нæ. Библийыл чи æууæнды, уыдон цæуынц иумæ, цæрынц уар- зонæй, зæрдæрухсæй, табу Хуыцауæн, уымæн æмæ сын ис иу Хуыцау, иу дин, иу аргъуыд (Еф. 4:3-7). Ма ныллæу æрдæгфæндагыл, кув Хуыцаумæ æмæ дын Уый байгом кæндзæн фæндаг ирвæзынмæ. „Агур æмæ ссардзынæ", - загъта Чырысти. ХЪЫСМÆТЫ ЦÆФТÆ „...Фарн дæм бадзурæд, фæлæ æз не ’мбарын иу ахæм хъуыдтаг: цæвиттон, æнæхуыцаухай адæм æфхæрд æййафынц, Хуыцау сæ кæй нæ уырны, уый тыххæй, уæд кувæг адæм тæ цæмæн æвзарынц хъысмæты цæфтæ?" Алы дзаума дæр æрцæуы куыстгонд. Æндон æмæ æфсæйнаг дзаумæттæ уал фыццаг артмæ, стæй сæ уыцы тæвдæй æртасынтæ кæнынц хъæстарæгыл дзæбугæй. Хуыцау дæр раст афтæ бакæны адæймагæн. Ахæм фæндагыл рацыд Чырысти дæр. Махæн дæр нæ уырнындзинад хъуамæ фæлвæрд уа зындзинæдтæй. Æнæ афтæ бакæнгæ уырнæг адæймаг баззайы сыгъдæг теоретикæй. Фæлæ ам ис хъауджыдæрдзинад уырнæг æмæ æнæхуыцау адæймаджы æхсæн. Æнæхуыцау адæймаг, йæ тæккæ фыццаг зындзинадыл сæмбæлгæйæ, „афæды", басæтты йæ тых, йæ ныфс. Уырнæг та разыны тынг фæразон, сæттæг æй сæттын нæ фæразы. Уды хъæдæй фæлмæн, коммæгæс, фæразон. Зындзи- нæдтæ æвзаргæйæ та иунæг нæ вæййы, Хуыцау кæддæриддæр йемæ. 247
ХÆСТЫ ТЫХХÆИ „...Куыд дæм кæсынц атомы хæцæнгæрзтæ фæлварыны æмæ хæсты фæлдзæгъдæнтæ?" Куыд кæсынц, куы зæгъай, уæд хæст - мæ цыфыддæр знаг, афтæ амоны Евангели дæр. Стæй закъон дæр афтæ зæгъы: „Ма амар". Чырысти дзæгъæл хуымæтæджы нæ загъта: „Цирхъ йæ къухмæ чи райса, уый йе сæфт ссардзæн цирхъæй". Дунеон дыккаг хæст æвдисæн у ацы æмбисонды ныхасæн. Герман ракъахта хæст æмæ дзы йæхи сæр бабын. Рох ма нæ хъæуы ахæм æмбисонд дæр: „дæхи æмхуызон адæймагмæ фыдæх уæвын, уый дæр амарынæй уæлдай нæу (1 Ин. 3:15). МАРЫНЫ ТÆРХОНЫ ТЫХХÆЙ „...Чесман, зæгъгæ, Калифорнийы царди иу бандит-сылдзуан- цæуæг, кæцы 8 азы фæбадти, марыны тæрхон кæмæн уыд, уыдо- нимæ, стæй йæ уæддæр мæлæтмæ радтой. Фæнды мæ, уый тых- хæй исты куы зæгъис..." Рагон Фæдзæхсты сæвæрдта Хуыцау марыны тæрхон (Иез. 3:19, 18:18; Втор. 3:9). Цæвиттон, Чесманы хуызæн бандит фыд- былыз куы ракæны, уæд иутæ фæтæригъæд кæнынц, фыдбылыз кæмæн бакодтой, уымæн, иннæтæ та - фыдбылызгæнæгæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыдгæнджытæ кæддæриддæр, фыдгæнджы- ты фарс уыдзысты. Хуыцауы закъоныл сразы хъæуы: „фыдгæ- нæг хъуамæ баййафа æфхæрд". Сраст кæнын чи нæ уал баком- дзæн, уыцы фыдгæнджыты фæхицæн кæнын хъæуы, сæрибары бар сын куыд нæ уал уа, афтæ. Уый сын стыр æфхæрд уаид, æнæ амаргæйæ дæр. Сæхæдæг дæр ууыл сæттынц. Æппæтæй хуыздæр та у „бындзармæ" æркæсын, цæй аххосæй цæуы утæппæт фыдгæндтæ? Зæгъæм, Чесманы хуызæттæ кæуыл æмæ цæй бындурыл ахуыр кæнынц ахæм фыдмитæ, æнаккаг хъуыддæгтæ кæнын? Сæ фылдæр - фæзмынц кинонывты, теле- 248
визион программæты æвдыст хабæрттæ, чъизи журналты, чин- гуыты... Уæдæ уæд Чесманы фыдгæнды аххосджын сты иннæтæ дæр, зæгъæм, арахъуадзæг заводтæ, уымæн æмæ бирæтæ сæ фыдгæнд бакæнынц расыгæй. Фæлæ уыдæттыл дзурæг нæй, цыма афтæ æмбæлы. Фыдгæндæн йæ „бындзар" ничи агуры, цæй аххосæй æрцыд адæймаг фыдгæнд ракæныны онг, уый, ничи бæрæг кæны. Æмæ æхсæнад æрлæууы æппæты кæройнаг аххосджыны бафхæрыныл, аххосджын уый онг цæмæн æрхæц- цæ, уыдæттæ нæ раиртасгæйæ. Гъе! Рахастой йын марыны, тæрхон! Æмæ йæ амардтой. Дарддæр та? Уый фенгæйæ, миййаг, æндæр исчи йæхи бауы- ромы? Иунæг дæр нæ! Уымæ гæсгæ марыны тæрхон йæхæдæг йæхи æгъдауæй ницы æххуыс у фыдгæнджыты нымæц куынæг кæнынæн, уый нæ, фæлæ ма бонæй-бонмæ æфты æмæ æфты сæ нымæцыл. Æмæ дарддæр дæр афтæ, уыдзæн, цалынмæ адæм æмхуызонæй, стæй уыдониæ иумæ хицауад дæр карз тох нæ самайой фыдгæнды аххосæгтимæ, мулкыл хæлофгæнджытимæ, сæ зыд æмæ сæ кæрæфæй нацийы чи халы, уыдонимæ, уæдмæ. МÆ ХУЫЗДÆР ФÆНД ДИН АМОНЫН „...Мæнæ ныр ралæууыд мæ 67-æм аз. Æууæндын Евангелийыл. Уырны мæ Чырысти. Фæлæ цæмæндæр афæстаг рæстæджы мæ зæрдæ нырхæндæг, ныддур, рухсы цъыртт мæм никæцæй уал кæсы. Дæ Беседæтæ дын бакастæн, æмæ дæм уымæ гæсгæ фæразын ба- дзурын: цы кæнон, цы хуызы фервæзон ацыуавæрæй?" Бирæ æфсæнттæ ис ахæм уавæрмæ æрцæуынæн. Дæ зæрдæ дæхи мидæг цæмæй æрцæуа, уый тыххæй фервæзын хъæуы уыцы аххосæгтæй. Уый та у æрмæстдæр дæхицæй аразгæ. Хосы хуызæн дын амонын Евангелимæ гæсгæ арæзт „рецепттæ", Еван- гелийыл та æууæндыс. 1. Дæ буармæ æркæс æмæ дæ цæстытыл ауайдзæн, цыма уый дæ уды рæстæгмæйы зæронд халагъуд у. Æмæ кæд, миййаг, нæфæразгæ хæссыс, уæд дæ рох ма уæд, адæм сеппæт дæр афтæ 249
сты. Хъуыды кæн де ’нусон бынатыл, уæлæрвты æнусон цардыл. Архай Хуыцаумæ дæхи æввахсдæр ласыныл. 2. Фæллой кæн, æгæр дæр нæ, фæлæ дзæгъæл бадт дæр ма кæн. Цард байдзаг кæнын хъæуы пайдайаг фæллойæ. 3. Дæхи хъар æнæтæригъæдæй цæрыныл. Уый тыххæй дын феххуыс уыдзæн Библи, æрвылбон æй куы кæсай æмæ куы кувай, уæд. Никуы кодтай афтæ, уæд райдай ныр, тæккæ абон æмæ æппындæр цух ма кæн. 4. Дæ фадат цас амоны, уый бæрц де ’ххуысы хай æппар æххуысхъуаг адæмæн. Уый дын æрхæсдзæн æхсызгондзинад, сæйрагдæр та - материалон æххуыс аргъуанæн. 5. Хуыцауы ма рох кæн, æууæнд Ыл æмæ дын рæстмæ ахъаз кæндзæн дæ цардæн. 6. Кув, иудадзыг дæр, кув дæ бинонты, дæ хæстæджыты, нæ паддзахады разамонджыты, Евангелийы куыстгæнджыты тых- хæй, цыбыр дзырдæй, дæ зæрдæ хорздзинад кæмæндæриддæр зæгъы, уыдон се ’ппæты тыххæй. 7. Дæ сæры исты хъуыды куы æрбафты мæлæты тыххæй, уæд ыл хъыг ма кæн, фæлæ йæ нымай амондджын сахатыл, дæ уд йæ зæронд „халагъудæй" фервæзæгау, уæлæрвтæм ацæуыны амон- дыл, Чырыстийы дунемæ бафтыны фæрнæйдзаг сахатыл. Уарз æнæгæды уарзтæй Йесойы æмæ дын дзуапп ратдзæн фарны хъуыддæгтæй, фæсурдзæн дын дæ хъыг, дæ тыхст. ХУЫЦАУЫ ФÆНДОН ЦÆЙ МИДÆГ ИС? „...Цæмæн уыйас бирæ фыддзинæдтæ кæнынц адæм? Уырнæг адæм уæдæ афтæ куы зæгъынц, Хуыцауы æвæндонæй иу æрду дæр дæ сæрæй нæ ахаудзæн? Уæд хъуыддаг куыд цæуы? Иу иннæмæн йæ сæр куы ахауын кæна, уæд Хуыцауы фæндонæй у, зæгъгæ, нымай- дзыстæм?" Адæм афтæ бирæ фыддзинæдтæ уымæн кæнынц, æмæ æр- дзæй тæригъæдджын рахастой. „Нæй иунæг дæр хæрзгæнæг, иунæг дæр нæй", - фыссы Евангели. Хуыцауы фæндон ды куыд 250
æмбарыс, уый диссаг нæу, фæлæ дзы рæстдзинадæй æппындæр ницы ис. Фыст уæвгæ афтæ у, Хуыцауы фæндон амоны æппæт адæмы дæр ирвæзын кæнын, уæвгæ та адæм сæхæдæг иуварс схойынц Ирвæзынгæнæг Чырыстийы æмæ цæрынц бархийæ, куыддæридцæр сæ фæнды, афтæ æмæ сæхи фæндонæй къуы- рынц сæ кæрæдзийы сæртæ дæр. „Хуыцауы æвæндонæй иу æрду дæр уæ сæрæй нæ ахаудзæн", уый хауы уырнæг адæммæ, ома, уый онг сыл дары йæ арм Хуыцау. Рауайы афтæ дæр, æмæ Хуыцау баиргъæвы фыддзинад, фæлæ фыддзинад дæр нæ уадзы. Хуыцау у зæрдæхæлардзинады суа- дон, цыбырдзырдæй - хæрзгæнæг. Йæ фæндон та у адæймаджы сафын нæ, фæлæ ирвæзын кæнын. Æмæ зæгъгæ дæр уымæн кæны: „нæ Мæ фæнды тæригъæдджыны мæлæт, фæнды мæ тæригъæдджыны йæ фыдвæндагæй фæиуварс кæнын, цæмæй удæгасæй баззайа" (Иезик. 33:11). Хуыцау хатгай бауадзы зын- дзинæдтæ нæ уды пайдайæн, царды фæндагыл, æвзарын та нын сæ кæны хæйрæг. Бирæ цыдæртæ не ’мбарæм, ме ’нæзонгæ хæлар, ацы зæххыл. Æмæ цы не ’мбарæм, кæнæ æххæстæй кæй не ’мбарæм, уыдонæй зыгъуыммæ фæлдæхт дызгъуым хатдзæгтæ кæнын не ’мбæлы. „Хуыцауы фæндон у, цæмæй сыгъдæг уат", - фыста Апостол Павел чырыстæттæм (1 Фес. 4:3). ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ХАБАР „..Æрæджы мæ ахуыдтой мæ зонгæтæ сæ бинонты цыдæр бæрæгбонмæ. Ацыдтæн, уæдæ цы, мæ чысыл чызджы дæр мемæ ай- стон, афтæмæй. Хуынд адæм рабадтысты даргъ фынджы уæлхъус. Æмæ бавнæлдой хæрынмæ. Уæд сæм мæ чызг фæкомкоммæ æмæ, æнæмбаргæ сабийæн куыд æмбæлы, афтæ æнæфсарм фæхъæр кодта: „Папæ, хæрын райдыдтой, афтæмæй нæма бакуывтойГ Хæдзары æфсин æвæстиатæй сраст кодта хъуыддаг æмæ чызгæн загъта: „Махæн не ’ппæты тыххæй дæр скув, мæ хурГ Хæрыны размæ бакувын - уый сæрмагонд æгъдау нæу. Фæлæ 251
хойраг адæмæн Хуыцау кæй ралæвар кодта, уымæ гæсгæ æм- бæлы ахæм лæвары тыххæй бузынг зæгъын. Æваст хæрынмæ фæу, æнæ ницы зæгъгæйæ, уый та куыд? Уымæ гæсгæ бирæ бæстæты милуангай æцæг чырыстæттæ саходыны размæ се хæсыл нымайынц бакувын, Хуыцауæн арфæ ракæнын не ’нæнымæц цæрæнхосты тыххæй. Уæвгæ та сæ фæсонæрхæджы дæр нæй бирæтæн, хойраджы тыххæй Хуыцауæн бузныг зæгъын æмбæлы, уый. Сæ хæрды размæ бинонтæ хъуамæ æнæмæнг ску- вой æмæ сæхицæн схæлар кæной Хуыцауы лæвар. Бинонтæ кæм нæ кувынц, уым та сæ кæрæдзийы зонд не ’мбарынц. Хатгай афтæ чысыл сабитæ æнæнхъæлæджы хистæртæн бадзурынц сæ рæдыд. ЦИН КÆНУТ „...Бузныг дын дæ брошюрæйы тыххæй, „Нæ ацæудзыстæм Израилы фæдыл", кæй схуыдтай, уый фæдыл. Уый æцæг къæрцц у, гъе! Тынг æцæгдзинæдтæ дзы равдыстай, кæд зæрдæйæн стыр хъыг сты, уæддæр. Фæлæ демæ разы нæ дæн, афтæ кæм зæгъыс, удæгас адæймагæн бацингæнæн дæр æмæ бахъæлдзæг уæвæн дæр нæй, зæгъгæ, уыцы ран". Дзуапп дын дæттын Апостол Павелы ныхæстæй: „Цин кæнут Хуыцауы мидæг æмæ ма йæ ноджыдæр зæгъын: „Цин кæнут". Дзуапп дын дæттын псалмтæ фыссæг Давиды ныхæстæй дæр: „Бахъæлдзæг у, мæ уд, Хуыцауы мидæг". Чырысти куы райгас, уæд Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта: „Цин кæнут!" Чырыстон лæгæн уыцы дзырд æгъгъæд у бацин кæнынæн, суанг зианы уæлхъус лæугæйæ дæр. Ирвæзынгæнæг Чырысти уырнæг адæймаджы зæрдæ уарзон- дзинадæй куы байдзаг кæны, уæд уыцы лæг арахъхъы агуыв- зæмæ нал бавналдзæни, мæ тыхстытæ кæд ферох кæнин, зæгъгæ; нæ бацæудзæн нуазæндонмæ дæр, кæд йæ зæрдæ фæрухсдæр уаид, зæгъгæ. Уыдон кæнгæ митæ сты. Чырыстоны æцæг цинæн бамбарæн нæй. Уый арахъхъы сыкъайæ, кæнæ бæгæныйы 252
кæхцæй аразгæ нæу, „кæнгæ" цин, фæлæ адæймаг æнæхъæнæй дæр Хуыцауы бæрны йæхи куы бакæны, уæд цин æвзæры йæ зæрдæйы рæбын. КУЫД БÆРÆГ КÆНЫН ХЪÆУЫ ЦЫППУРС? „...Баууæнд мыл, мæ зæнгтыл слæууинаг нал вæййын, афтæ бафæллайын, Цыппурсы бæрæгбон æрбахæццæ кæны, зæгъгæ, уæд. Цы æмбæлы, уый куынæ сцæттæ кæнон^ уæд та адæмы цæсты мæхи бафтаудзынæн, цæй чырыстон у уый, зæгъгæ. Куыд бæрæг кæнын хъæуыуæдæ ЦыппурсГ Адæмы цæсты дæхи бафтаудзынæ, уый ницы диссаг у, фæлæ Хуыцау цы зæгъдзæн, хъуыды кæнын ууыл хъæуы. Рох уæ ма уæд, Цыппурс (Рождество) Чырыстийы райгуырды бæрæгбон у æмæ Йын уымæ гæсгæ кад кæнын хъæуы алы хъуыддаджы дæр æппæты фыццаг. Исчи афтæ зæгъдзæн, кæнæ нæ зæгъдзæн, уыдæттæ уæм нымады дæр ма уæнт, уыцы бон уæ фаугæ куы кæной, уæдцæр. Адæм мыл куы фæхудой, зæгъгæ, уæхи тухæнæй дæр ма марут, уæлдай фыдæбæттæ дæр ма кæнут. Уымæн æмæ дзы пайдайагæй мур дæр ницы ис, уæхи цы ныффæллайын кæнат, æндæр. Иу дыууæ исты куысты бакæн Чырыстийы номыл, арфæйы аккаг чи уа, ахæмтæ. Æмæ уыл уый хыгъд сæмбæлдзæн Хуыцауы арфæ. Уый уын уыдзæн бирæ пайдадæр стыр хуындтæ аразынæй, зынаргъ лæвæрттæ кæнынæй æмæ рæсугъд фæлгонцты архайынæй. ЦЫМÆ ЦÆМÆН АФТÆ У? „... Чырыстон фыццаг аргъуан тынг кадджынуыд, ныр дæруыцы Евангели бæргæ ис, фæлæ аргъуантæм ничи уал цæуы, сæ хал сæ бæндæн фæхауд. Цымæ цæмæн афтæу". Раст зæгъыс, нæ Евангели уыцы Евангели у ныр дæр, фæлæ 253
аргъуаны кусджытæ сæхæдæг ахæмтæ нал сты. Уыцы хъуыд- дагыл мæхæдæг дæр бирæ фæхъуыды кодтон æмæ йын дзуапп ссардтон пахуымпарты Апостолты хъуыдцæгты чиныджы. Уым фыссынц, уæды заманты Хуыцауы фарн куыд тыхджын уыд, уый тыххæй. „Хуыцау алы бон дæр æфтыдта ирвæзтыты аргъуаны нымæцыл". Уыцы чиныджы ис чырыстон царды рагон хабæрттæ. Хуыцауыл тынг æууæндыдысты адæм, тæригъæдæй тæрсгæйæ, сæ царды уаг уыд бынтон хуымæтæг. Ахсджиагдæр хъуыддагыл нымадтой Хуыцауыл сæ ныфс æвæрын. Абон уыдæттæн сæ кой дæр нал ис. Æмæ аргъуан дæр дæлæмæ дæлæмæ уымæн æрцыд, æгад, æдзыдмæ. Æмæ куы бафæрсик- кат - абоны дуджы афтæ цæуылнæ уал цæрынц чырыстон адæм, зæгъгæ, уæд уын зæгъин: уæхæдæг уæхицæн дзуапп радтут. Хуыцауы Ныхасæн фаг бынат ис æрмæстдæр хуымæтæджы зæрдæйы. Адæм адард сты хуымæтæгдзинадæй, уый тыххæй фæиипæрд сты Хуыцауы фарнæй. Ныр æрцыд рæстæг, цæмæй алчи бафæрса йæхи: „Куыд цæрын, куыд?" Æркæса йæ митæм, куыд æмæ цас аргъ кæны Хуыцауæн. Науæд раст нæу, æнæхъæн дунейы уавæрыл дæ зæрдæ риссæд, дæхæдæг та æнæ Хуыцауæй цæр, æнæ ныфсæй, афтæмæй. УАРЗОНДЗИНАД-БÆРНЫ УÆВЫН У „...Дæ Беседæ дын бакастæн „Ус æмæ лæг", зсегъгæ, æмæ дзы хæцыс усы сæрыл, нæ йæ дæттыс азымы. Уæвгæ та дæ хъуыди иннæрдæм хæцын. Устытæ ахæм адæмы мыггаг сты, æмæ сæм алы бон дæр æнхъæлмæ кæс исты мастмæ". Уыцы хъуыддаг тынг бæлвырд æвдыст у Евангелийы. Беседæ фысгæйæ æз æппындæр Хуыцауы Ныхасæй æддæдæр нæ рахыз- тæн. Хуыцауы ныхасы куыд амынд у, афтæмæй устытæ хъуамæ кæсой сæ лæгты коммæ. Æмæ коммæ та уæд кæсдзысты, сæ лæгтæ сæ куы уарзой, „Чырысти Йæ Аргъуаны куыд бауарзта, афтæ" (Еф. 5). Бинонты царды бирæ æндæр фарстатæ фæнды уынын мах куыд фæнды, нæ зæрдæмæ куыд цæуы, афтæ. Фæлæ 254
Евангели адæм се ’ппæтæн дæр у иу барæн. Дæуæн та дæ фарст сæвæрын хъæуы бæлвырддæр, цы дæ зæрдæмæ нæ фæцыд мæ Беседæйы, уый биноныгдæр бамбарын кæнын. Евангелийы амынддзинæдтæ куы бахынцис, уæд дзы цы фенис, æцæгдзинад чи нæу ахæмæй? Дзурын цыдæриддæр æнцон у, фæлæ ма йæ бамбарын кæнын дæр хъæуы бæлвырд бæрæггæнæнтæй æмæ æвдисæйнæгтæй. Лæг у сылгоймаджы сæргълæууæг (ирон адæм æй фæхонынц „сæры хицау"). Фæлæ бинонты царды уаджы бындурæвæрæг, сæ цæджындз та у уарзондзинад кæрæдзийы æхсæн. Уый уыди мæ Беседæйы темæ, закъон куыд амоны, æрмæст афтæ цæрын, цагъайрагау лæгæн коммæгæс уæвын амонды хос нæу бинонтæн. Уарзондзинад кæм ис, уым кæрæдзийæн аргъ кæнынц, кæрæдзи- йы коммæ кæсынц лæг дæр æмæ ус дæр, иу иннæмæй тæрсы, уый тыххæй нæ, фæлæ уарзондзинады тыххæй. Уарзондзинад равзæ- ры уарзтæй, бæлвырддæр зæгъгæйæ, уарзтæн дзуапп равзæры уарзондзинадæй. АЦÆРГÆ АДÆМÆН ЗОНДЫ ХОС „...Бирæ цæрæнбон мын нал баззад. Мæ хъару асаст, кусын мæ бон нал у æмæ мæ фæнды мæ фæстаг азты исты пайда æрхæссын ме ’нусон цардæн..." Фæлæ куыд?Исты ма мын бацамонГ Хуыцауы Ныхасы фæдыл цæугæйæ дын мæ хуыздæр фæнд у мæнæ афтæ бакæнын: 1. Баууæнд Чырыстийы ныхæстыл: „Фыртыл баууæндæгæн ис Æнусон Цард" (Ин. 3:36). Кæй фæцардтæ, уыцы бирæ азтæ цардæй дæу нæ иппæрд кæнынц, фæлæ дæ кæнынц æнусон цардмæ æввахсдæр, хæстæгдæр, æмæ дæ зæрондыл ма хъыг кæн. 2. Æнæсцухæй алы бон дæр кæс Библи, алы бон хæргæ куыд кæныс, афтæ. Уыцы чиныг кæсын та у хæрдæй зынаргъдæр, ахсджиагдæр. 3. Кув! Кув æмæ Хуыцауæй кур ирвæзындзинад, Хуыцау дæ Йæхæдæг радта æмæ дæ ирвæзын дæр акæндзæн. 255
4. Кæд æмæ дæхæдæг æмбарыс: æрзæронд дæ æмæ дын бирæ бонтæ нал баззад, уый, уæд дæ хъуыддæгтæй сомбонмæ мацы æргъæв. Хуыцау дын 70-аздзыдæй дæр дæтты фæсмон æрхæс- сыны, Хуыцауæй райгуырыны бар. 5. Кæс дæ алыварс, кæд исчи миййаг, феххуысхъуаг у, дæ фæллойæ мысайнаг дæтт рæдауæй, зын дæм ма кæсæд, æнæса- хъат дæндаг ласæгау. Уый фæстæ фæцалх уыдзынæ æххуыс дæттыныл æмæ дæхæдæг дæхицæй бузныг уыдзынæ. Нæ Уæларвон Хуыцаумæ хойраг алкæйы фаг дæр ис. Сæфын дæ нæ бауадздзæн, æрмæст Ыл фидар æууæнд. ЦЫ АИВ КÆНЫ СЫЛГОЙМАДЖЫ „...Ууыл бирæ хæттыты хъуыды кодтон. Мæ бынойнаг тынг зилы йæхимæ ахорæнтæй, рæсугъдæн ахъазгæнæг ахорæнтæй, æмæ йын куы фæзæгъын, ма кæн афтæ, уæд ноджы фылдæр самæнты йæхи, суанг æй нал базонын, уый онг. Писмо йæм куы ныффысай æмæ йын ахъаз куы бакæнай, уæд дын арвитдзынæн стыр тъорт...и Канд дæ бинойнаг нæ, фæлæ махæй неппæтæй дæр сылгой- магæй нæлгоймагæй Хуыцау æнхъæлмæ кæсы аивдзинадмæ, сыгъдæгдзинадмæ. Цæстæн æхсызгон вæййы рæсугъд фаст сæр, сыгъдæг æфснайд нæлгоймагмæ бакæсын. Сылгоймагæн дæр æмбæлы, цæмæй йын уа рæсугъд сæры фаст, сыгъдæг лæгъз цæсгом, биноныг зылд къухтæ. Фæлæ рæсугъды мондагæн дæхи алы ахорæнтæй самæнт, æнаккаг æвидауц дарæстæй дæхи сараз, - уый никæцы ран фидаугæ кæны, никæйы зæрдæмæ цæугæ. Иу лæг куыд рахъаст кодта йæ æрыгон бинойнагæй, уыйау: мæ ус Ритæ, дам, хилдасæнмæ (парикмахерскæймæ) бацыд æмæ фæстæмæ Читæйæ раздæхт. Уæвгæ та Чырыстийы ахуырады афтæ амынд ис: „æгæр" алцæмæй дæр у тæригъæд - æгæр хæрд, æгæр нозт, æгæр дзырд, æгæр хъæр, æгæр ахуырст, - сеппæт дæр Хуыцау нымайы тæригъæддзинадыл. Иу лæппу йæ хæлармæ бацыд арфæ кæнынмæ: 256
- Афтæ фехъуыстон, ус ракуырдтай? - 0, æцæгу, ракуырдтон... - Æмæ чи у, кæй ракуырдтай, уый, цы хуызæн у: бурхил æви саухил? - Нæ зонын. Фæлæу уал, парикмахерскæйæ тагъд æрбаздæх- дзæн, æмæ йæ уæд фендзыстæм. Хуыцау йæ зонæг, цы хуызæн ахуырстæй æрбазындзæн... Кæмдæриддæр сæмбæлдзынæ ахæм хабæрттыл: Ритæйæ бацыд æмæ Читæйæ раздæхт. Уæвгæ та кæм хъæуы уыцы æгæр ахуырст, цæмæн æххуыс у, дæхицæй маймули сараз, уый?! Дæуæн та уый зæгъинаг дæн, кæд æмæ дæ хæдзары хистæрæн ды дæ, дæ бинонтæн сæ сæргъы ды лæууыс, уæд ма уæхицæн ахæм æгъдау сæвæрут, цæмæй æрвылбон кæсат Евангели сахаты æрдæг уæддæр. Сыгъдæг Уд дæ бинойнагæн раргом кæндзæн йæ зæрдæйы уавæр æмæ йæ æркæндзæн фæсмонмæ, асыгъдæг æй кæндзæн йæ тæригъæдтæй æдте-мидæгæй; уыцы сыгъдæгдзинад тыхджындæр у буары сыгъдæгдзинадæй. Библийы афтæ ис фыст: „Уадз æмæ дæ рæсугъд фæлгонц уæд къæбæлдзыг дзыкку нæ, сызгъæрин къухдарæнтæ æмæ майдантæ нæ, кæнæ зынаргъ дарæстæ, ФÆЛÆ зæрдæйы арф æвæрд рæсугъдзинад, уды сыгъдæгдзинад æмæ уæздандзинад, Хуыцауы цæсты æппæтæй зынаргъдæр цы ис, уыдон" (1 Петр 3:3). ФЫДБЫЛЫЗ „..Æргом дæм фыссын: Мæхæдæг дæр æмæ мæ лæг дæр стæм уырнæг. Иу цасдæр Китайы ацардыстæм æмæуым дæр аргъуан цух нæ уагътам. Ныр фыдбылызы хай фæдæн: мæ сæры хицау бæгæны нуазын байдыдта, райдианты чысылгай, кæд хуыздæр бахæриды æфсон, ныр дзы æфсис нал æмбары, æмæ йæм куы сдзурай, уæд фæзæгъы, бæгæны арахъ нæу, æмæ йæ нуазын тæригъæд нæу." Дæ сæры хицау ис стыр бæллæхы. Уый ис тæригъæды мидæг. Алкоголь цæмæдæриддæр хæццæ кæны, уыцы нозтытæ сты 257
тæссаг æмæ зиан. Уыдонимæ бæгæны дæр. Уый адæймаджы тын- гæй тынгдæр здахы нуазынмæ, цæхджын чи бахæры, уый куыд дойны кæны, афтæ æмæ куыдфæстæмæ бæгæнынуазæгæй рауайы расыггæнаг. Библийы та комкоммæ афтæ фыссынц: „Расыг- гæнджытæн Хуыцауы Паддзахады бынат нæй" (1 Кор. 6:10). Мæнæн мæхи сыхаг, афтæ бæгæны нуазгæйæ, сси алкоголик. Уæвгæ та бæгæны йедтæмæ ницы нызта. Ныр йæ усæй ахицæн, йæ цоты ныууагъта, æмæ ма куыд вæййы уæдæ æнамонд! Бæгæны нуазæг æнцонæй свæййы алкоголик, уый аххосæй фехæлы йæ бастдзинад Хуыцауимæ, кæд ын уæвгæ дæр уыд ахæм бастдзинад, уæд. Нозтæй цас мæлы, уый бæрц адæм ницавæр низæй сæфынц, суанг хæсты рæстæджы дæр ма къад- дæр адæм фæцагъды. Ме хæсыл нымайын дæуæн комкоммæ зæгъын: Дæ лæг куынæ фæфæсмон кæна, æмæ йæ бæгæны бынтондæр куынæ ныууадза, уæд бабын кæндзæн йæ уд. Нæ йæ фервæзын кæндзæн, „чырыстон" ном хæссы, уый дæр. ЧЫРЫСТИЙЫЛ НИКÆЙЫ ЗÆРДÆ ФÆХУДДЗÆН Мæ зæрдæ тынг фæхудти чырыстон дыныл. Уымæн æмæ иуыр- дыгæй хъæр кæнæм, сидæм Чырыстимæ, нæхи та дарæм хъамылы хуытæй фыддæр. Зæрæттæ бæрæгбæтты цæуынц аргъуанмæ, цырæгътæ дзы судзынц, стæй сæхи айсынц æндæртимæ..." Ам чырыстон дин ницы аххосджын у; дæ цæсты сæхи баф- тыдтой, æгас Чырыстийы чи нæ зоны æмæ чырыстон дины æгъдæуттæ „ома"-йы тыххæй цæстмæ чи аразы, зæрдиагæй нæ фæлæ, ахæмтæ. Чырыстон дин, Евангели Йæ куыд æвдисы, афтæмæй йыл дæ зæрдæ никуы фæхуддзæн, Чырысти Йæхæдæг Йæхи куыд никуы никæйы цæсты бафтыдта, афтæ. Уый нæ фæлæ Йæ иухаттæн чи бауарзы, йæ зæрдæмæ Йæ хæстæг чи айсы, уый нымай - йæхицæн байгом кодта фæндаг æнусон цардмæ. Чырыстон дины æгъдæуттæ, куыд æмбæлы, афтæ нæ, фæлæ 258
уæлæнгæйтты чи кæны, цæстмæмитæ дзы чи аразы, ахæмтæ кæмдæриддæр ис. Æмæ уый дæуыл дæр æмæ мæныл дæр, стæй кæуылдæриддæр æвæры хæс, цæмæй алчи кæса йæхимæ æмæ ма æруадза цæстмæмитæ. Рох уæ ма уæд, фынæй кæй нæ кæны. Æмæ Чырысти дзæгъæл хуымæтæджы нæ загъта: „Уæнгрог ут æмæ кувут, цæмæй фыдæвзарæны ма бахауат" (Мрк. 14:38). Тæрхоны бон цæстмæмитæ иууылдæр рабæрæг уыдзысты. ЗАКЪОНÆВÆРДЖЫТÆ СÆХÆДÆГ НУАЗЫНЦ „...Ныртæккæ кæрæдзийæ цас бинонтæ хицæн кæнынц, уыдо- нæн сæ 90 проценты сты арахъхъы аххос. Махæн хицауад уымæн ис, цæмæй хъахъхъæна нацийы æдасдзинад. Уæдæ цæуылнæ исты хос кæнынц нæ сæргълæуджытæ, нозты аххосæй бинонты цард цæмæй нæ хæла, уымæнГ Мæ фæндæй æппæт аргъуанты æмæ гуманитарон организа- циты хæс у уыцы хъуыддаджы тыххæй фæдис хъæр кæнын, мидæджырдыгæй дзы паддзахады бындур кæй хæлы моралон æгъдауæй, уымæ гæсгæ. Бæллæх уый у, æмæ бирæ аргъуантæн сæхи уæнгтæ, сæ кусджытæ сæхæдæг карз нозтимæ лымæн сты, сæхи дзы хъуаг никуы уадзынц. Уæдæ закъонæвæрджытæ дæр аназыныл никуы фæстиат кæнынц, иу дзырдæй, дæлимоны зæрдæхудты нæ цæуынц, æхсæнадæн зиан фæуыныл æппындæр нæ ауæрдынц. Ахæм уавæры тынг зын у нозты ныхмæ тох кæнын. КÆУЫЛ ИС ÆУУÆНДÆН? „...Мæ автомашинæремонтмæрадтон иу механикмæ. Йе стъо- лыл ын Библи дæр ма баййæфтон, стæй алы хуыцаубоны аргъуаны вæййы. Фæлæ зонгæ-зонын мæн фæсайдта, 65 доллæры мæ уæлдай райста. Ныр бамбар, кæуыл у æууæндгæ: уырнæгыл æви æнæуыр- нæгыл?" 259
Механикæн йе стъолыл Библи кæй баййæфтай, уый ууыл дзурæг нæу æмæ йæ кæсгæ кæны. Чырыстæттæм бирæтæм Библи лæууы зынгæ бынаты, цæстмæ, ома, ахæм чиныг дæр мæм ис. Уæдæ хуыцаубонты аргъуанмæ кæй цæуы, уый дæр ууыл дзурæг нæу, уый уырнæг кæй у. Дæуæй та кæд 65 доллæры æцæгæй асай- дта, уæд бæлвырдæй зæгъæн ис - уыцы механик Хуыцауы ном нæ зоны. Библи афтæ зæгъы: „Рæстдзинад чи нæ кæны, уый Хуыцауæйнæу" (1 Ин. 3:10). Дæ бон у цæргæ-цæрæнбон аргъуанмæ цæуын, хъуыдцагæй йæм æппындæр ницы бар даргæйæ. Хъæбæрæй дын зæгъын, æцæг адæймаг дæ никуы асайдзæн. Йæхион тагъддæр фесафдзæн, цæйнæфæлтау искæйыон райса. Кæм ссардæуа ахæм уырнджыты? Фæлæ кад Хуыцауæн, ахæмтæ нырма ис. ÆРХАУДТÆ? - СЫСТ УÆЛÆМÆ! ,,..Æз тæригъæд ракодтон. Цæвæр. - Ууыл нæ дзурдзынæн, дар- гъ хабар у. Æмæ ме ’ппæт фыдбылыз дæр уый мидæг ис. Ныр æнæхъæн цыппар азы дæр аргъуаны къæсæрæй нæма бакастæн. Куы зæгъын, бацæуон, уæд мæм адæм цы цæстæй ракæсдзысты? Мæуавæр мын иууылдæр зонынц..." Уырны мæ, чи зоны, адæм дæ æцæгæй зонынц иууылдæр, уæд дæ Хуыцау куыд нæ зондзæн? Аргъуан хъæуы канд раст адæмы нæ, фæлæ фыццаджыдæр тæригъæджджынты. Кæд æрхаудтæ, уæд рæвдздæр сыст уæлæ- мæ! Афтæ сиды Хуыцау дæр: „Сыст æмæ цæугæ!" (Мф. 9). Аргъуаны дæ куы феной, уæд дыл æнæгæды чырыстæттæ бацин кæндзысты зæдтæ æмæ Хуыцауæн Йæхиимæ. Дæ бацыд хъыг кæмæн уа, уыдоны та хъуыды дæр ма кæн. Фыццаджы фыц- цагдæр сагъæс кæн дæхи удыл. Тæрс, адæмæй нæ, фæлæ Хуы- цауæй. Кæддæр пахуымпар Иезекииль, Хуыцауы хъæлæс айхъусгæ- йæ, афтæ фæтарсти, æмæ дæлгоммæ зæххыл йæ тъæпп фæцыд. 260
Фæлæ йын Хуыцау загъта: „Адæймаджы фырт, слæу дæ къæх- тыл" (Иез. 2:1). Æмæ сыстад. Ды дæр бафæзм уый. Науæд Петры. Уый та иу хатт йæхи Чырыстийыл атигъ кодта. Фæлæ сыстад æмæ ацыд, суанг дзуарыл байтындзыны онг... КУЫД ФÆУÆЛАХИЗ УÆВÆН ИС ТАРСТЫЛ? Афæстаг рæстæг арæх ахъуыды кæнын мæ мæлæтыл. Уырнæг адæймаг дæн æмæ мæлæтæй, ома, тæрсгæ нæ кæнын, фæлæ зын удисæн у фыдбылызы бахаугæйæ. Ныртæккæ та уæлдайдæр, æрвылбон æндæр хабар нæ фехъусдзынæ, машинæтæ кæмдæр кæрæдзи скъуырдтой æмæ дзы уал æмæ уал фæцæф, уал фæмард. Уый тыххæй машинæйы дæр нал цæуын. Цы хуызы фæуæлахизуон уыцы тасыл?..." Кæд æмæ Хуыцауы хъæбул дæ, Хуыцауимæ æмæ адæмимæ фидыд, уæд дæ тарст дзæгъæлы у. Чырыстийы ныхас нал хъуы- ды кæныс: „Дæ сæрыхъуынтæ дæр ма нымад сты Хуыцаумæ" (Мф. 10:30). Дæ фидæн, дæ цард кæрæй-кæронмæ ис Хуыцауы ныфсджын къухы. Мæлæтæй арæхдæр ахæмтæ фæтæрсынц, Хуыцауимæ кæрæ- дзийы чи не ’мбары, Хуыцауыл чи не’ууæнды. Фæлæ уыдон сæ тарсты тыххæй хъыпп-сыпп дæр нæ кæнынц. Иу æнæхуыцау философы кой мын афтæ рачындæуыд. Йæ мæлæты размæ, дам, йæ цæсгомыл фæзынди йæ уды тыхстдзинад æмæ йæ ахуыргæ- нинæгтæ уый куы федтой, зæрдæйæ цæттæ у ныр Хуыцауырдæм разилынмæ, уæд ын ныфсæвæрæн акодтой: - Фидар лæуу, ма тæрс, нæ Зондамонæг! - Æмæ сын æнæхуы- цау лæг мæлгæ-мæлын афтæ куы зæгъид: - Бæргæ фæхæцин, бæргæ, фæлæ цæуыл?... Ахæм фæсмойнаг мардæй нæ амæлдзæн Евангелийыл æу- уæндæг, йæ Ирвæзынгæнæджы зонæг. Уыцы тас у хæйрæгæй, кув æмæ фæуæлахиз уай тасдзинадыл. 261
БИНОНТЫ ХÆЛД „...Кæддæр нæ куыстпы фæдыл Кигпайы кæимæ цардтæн, æфсы- мæры цардæй, ахæм хæлар мæ иу бон схуыдта уарзæгой, йæ лæгæй чи ахицæн, ахæм сылгоймагимæ кæй бацардтæн, уый тыххæй. Æмæ йæ йæлæгæй, миййаг, нæ байстон. Закьонæй хицæнгонд кæйу, уый тыххæй йæ гæххæттытæ йæ къухы. Ахæм æфхæрд ныб- баргæу?" Дæ хæлар дæ æфхæргæ нæ бакодта, цы дæ æцæгдзинадæй, уый дæ кæй схуыдта, уымæй. Чи зоны, ды зонгæ дæр нæ кодтаис, дæ къайады хуызæтты Хуыцау уарзæгойтæ кæй хуыдта, уый, кæд дæ ус йæ лæгæй рахицæн закъонæй æмæ демæ æгъдауæй бацард, уæддæр. Адæмæн цы закъон лæвæрд ис, уый сын фыдцзинад хæрзмæ нæ раздахдзæн. Цалынмæ лæг дæр æмæ ус дæр удæгас вæййынц, уæдмæ сын сæ дыккаг къайадтæ Хуыцау нымайы уарзæгойдзинадыл, аивын та йæ никæйы бон у. Æнусон закъон у уый. Библи нæ дæтты бар ног къайады бацæуынæн, цалынмæ сæ дыууæйæ искæйы мæлæт не ’рцæуа, уæдмæ. Хуыцауы Фыстæг афтæ зæгъы: „лæгджын сылгоймаг закъонæй баст у йæ удæгас лæгимæ, лæг куы амæла, уæд сылгоймаг нымад цæуы закъонæй сæрибарыл. Йæ мой удæгас, афтæмæй æндæримæ чи бацæры, уый та хуыйны уарзæгой, мой нæ, фæлæ. Йæ лæджы марды фæстæ сылгоймаг куы смой кæна, уæд уый уарзæгойыл нымад нал у (Рим. 7:2-3). Куыд уыныс, афтæмæй дзæгъæлы мæсты кæ- ныс дæ хæлармæ. Цы дæ, уый дæ загъта. Æмæ уый æфхæрд нæу. УДЫ ИУДЗИНАД „...Дæ Беседæты тынг стæм хатт фыссыс чырыстæтты иудзи- надыл, иу аргъуаныл. Ау! Дины раздзæуджытæн се ’ппæтæн иумæ æрæмбырд уæвын тынг зын у, цалынмæ бынтон нæма фехæлд нæ аргъуан, уæдмæ, æмæ сæ фæндон зæгъын: ,/Егъгъæд у, æфсымæртæ, хицæн къордтыл нæхи дихтæ кæнын! Цæйут æмæуæм иу аргъуан, Чырысти куыд амыдта, афтæ:„Уадз се ’ппæт дæр иумæуæнтГ 262
Зынаргъ æмбал! Æмбарын дын дæ тыхст, цæуыл сагъæс кæныс, уый, фæлæ бæллæх уый мидæг ис, æмæ дины раздзæу- джытæ уыцы фæндыл нæ ацæудзысты. Уæд хъуамæ сæхæдæг сæхи ахахх кæниккой, иунæг раздзæуæгыл Чырыстийы куы банымайой, уæд. Ам хъуыддаг бынтон æндæр у, куыд æнхъæл стут, уымæй бирæ ахсджиагдæр. Чырысти фыццагдæр куывды Йæ Фыдæй куырдта: „Кувын Дæм, Мæ Фыд, цæмæй уыдон уой иу, Ды Мæ мидæг куыд Дæ, Æз та Дæ мидæг, афтæ" (Ин. 17:20-23), ома Уый тыхджындæр у организацион иудзинадæй. Иудзинад фыц- цаджыдæр хъуамæ уа мидисы, удты иудзинад. Ахæм иудзи- надмæ Чырысти æнхъæлмæ кæсы Йæ ахуырадыл цæуджытæм се ’ппæтмæ дæр. Цы ахадынц, се ’ппæт иумæ райсгæйæ, цæстытæ, хъустæ, къухтæ, къæхтæ, фындз æмæ иннæ ахæмтæ æнæкæ- рæдзиимæ бастæй, æнæ иудзинадæй нервыты центыртимæ? Неппæт уæнгтæ, иумæ райсгæйæ, æнæ кæрæдзийы уаиккой адæймаг нæ, фæлæ мард Буар. Гъе, афтæ организацион æгъдауæй иудзинад аргъуанæй рауа- йын кæнид æрмæст мард, æнæ уд, æнæ зæрдæ. Уæвгæ та аргъуан организаци нæу, фæлæ у организм æмæ дзы æмхуызонæй æмулæфт кæнынц уд æмæ буар. Кад Хуыцауæн, ахæм Аргъуан Чырыстийы аргъуаныл нымай! Йæ уæнгтæ уарзы- нц Чырыстийы, уарзынц Ын Йæ Ныхас, архайынц Æй фæзмы- ныныл. Тæрсыны тыххæй баиу уæвын æцæг иудзинад нæу. Аргъуаны æцæг иудзинад уæд фендзыстæм, æрмæстдæр уæд, чырыстæттæ се ’ппæт дæр æмхуызонæй Евангелийы куы банымайой сæ тæк- кæ кадджындæр зондамонæгыл, сæ сæрхъуызойыл та - папæйы нæ, кардиналы нæ, митрополиты нæ, фæлæ Чырыстийы! ПАРАДОКС „... Чысыл лæппу, пуртийæ хъазгæйæ, рудзынджы авг куы асæт- ты, уæд æй бафхæрынц. Гъæйтт-мардзæ лæг та бомбæ куы æрæп- пары æмæ горæт куы ныффалгæрон кæны, уæд ын йæ рæстдзæвины 263
тыххæй хицауад ракæны стыр хæрзиуæг. Сæ хæрзиуджытæй адæм кæддæриддæр вæййынц сæрыстыр, сæ риуыл сæ æрцауындзы- нц зынгæ ран. Æмæ куыннæ у диссаг та, парадокс! Марыны тых- хæй - ордентæ! Цымæ искуы ахъуыды кодтай ууылГ Хъуыды кодтон æмæ хъуыды кæнын уыцы æнахъинон хъуыддагыл. Ахæм парадоксæн æмбал нæй, Чырыстийы ахуы- рады ныхмæ чырыстон адæймаджы архайд фыдкарзæй! Чыры- сти уымæн загъта: „Мæ Паддзахад ацы дунейæ нæу. Евангели чырыстæттæм сиды Чырыстийы фæндон æххæст кæнынмæ: „Уарзут уе ’знæгты". Афтæ йæ бон кæмæн нæу, уый Чырыстийы ахуыргæнинаг нæу. ТЕЛЕВИЗИЙЫ ТЫХХÆЙ „...Дæ Беседæтæ тынг цæуынц мæ зæрдæмæ. Бузныг, фæлæ æнхъæлмæ кæсын телевиденийы тыххæй та кæд ныффысдзынæ... Хæдзары дарынмæ бæззы, æви нæ?" Телевизи - наукон стыр æнтысдзинад у æнæмæнг - æмæ йæ нымайын хъæуы Хуыцауæй стыр лæварыл. Стæй ахуыргæндтæ, æрдзы закъонтæ иртасгæйæ, цы бирæ ног диссæгтæ раргом кæ- нынц, уыдон дæр нысангонд вæййынц Хуыцауы пъланы. Фæлæ ма дзы иу фæзилæн та ахæм ис, - уыцы хъуыддаджы дæр дæлимон æнæ фæныхилгæ нæ вæййы, йæ тых-йæ бонæй архайы, ахуыр- гæндты ног æнтысдзинæдтæй Хуыцауы ныхмæ стох кæныныл. Телефон - хорз хъуыддаг у æнæмæнг, фæлæ дзы бирæтæ цæуынц тæригъæды. Радио - дзыллæтæн æрдхæрæны фæрæз, фæлæ дзы цас æмæ цас хъусæм маргæйдзаг хабæрттæ, маргæй- дзаг марæнтæ! Чингуытæ кæсын хорз у бæргæ, фæлæ алы чиныг рæстзондæн пайдайы хос нæу, зиан йедтæмæ. Телевизи дæр гъе, афтæ. Ис хорз, пайда программæтæ, фæлæ куыд гыццыл сты! Иуæй,, программæтæ аразджытæ се ’ппæт чырыстæттæ не ’сты, Хуыцауыл не ууæндынц æмæ сæ куыстытæй удæн зиан йедтæмæ пайда нæ хæссынц. 264
Алчи та нæ арæхсы, нæ зоны бырæтты æхсæн зынаргъ дур равзарын, раиртасын. Сызгъæрин дæр æдзух нæ арынц æрзæты. Зынаргъ згъæрæн æрæхсынц йе змистæ æмæ гъе уæд разыны, цы у, уый. Æцæг чырыстон æмбары змис кæцы у æмæ сызгъæрин, уый. Уымæ гæсгæ бырæттæ нæ сисдзæн зæххæй. Сывæллæттæ та лыстæг не ’взарынц хорз æмæ æвзæр, сæ зонд нæма ахсы уый онг. Æмæ телевизор бафтауынц бонизæрмæ дæр æмæ зыдæй кæсынц алцæмæ, хорзæй - æвзæрæй. Афтæмæй дзы хатгай сæ зæрдыл бадарынц зондахастæн зианхæссæг хабæрттæ. Уый фæстæ архайынц сæ царды сæ фæзмыныныл: куыд давын хъæуы, цы мадзалæй бабырсæн ис, куыд марын хъæуы, куыд æнцондæр асайæн у искæйы æмæ æндæр алыхуызон æнаккаг митæ. Уымæ гæсгæ ныййарджытæ æппынæдзух дæр хъуамæ сæ хъус дарой программæтæм, цæмæ дзы æмбæлы бакæсын, цы дзы фæуыдзæн зонды хос, кæнæ зианы хос, уый зоныны тыххæй. Сывæллæттæн æппæт равдыстытæм кæсыны бар дæттын нæ хъæуы. Кæд уæ сывæллæттæн телевизор зиан хæссы, уæд хуыздæр у йæ аппарын, цæмæй уæ цоты ма фесафат. Уый уæ рох ма уæд! МАДЫ БЫНАТ „...Мæ бинойнагимæ бамæстджынтæ вæййын, „йæ бæттæнтæ тоны" куыстмæ ацæуыны фыдæй, æз та йæ нæ уадзын. Уымæн æмæ нæ сывæллæттæ уæд дзæгьæлдзу кæндзысты уынгты. Фæлæ сæ мады куы ног къаба хъæуы, куы ног рудзынгæмбæрзæнтæ, куы гауызтæ æмæ йæ фæнды æхца бакусын. Æмæ ма мын зæгъут, уæ хорзæхæй, цы у зынаргъдæр: сывæллæттæ æви дзаумæттæ? Æз, æвæццæгæн, иунæг ахæм æдылы нæ дæн, йæ хæдзары уæлдай мызд кæй нæ хъæуы. Фæлæ цæргæ удгоймаг æмæ дзаумæ иу не ’сты. Сыл- гоймаг хъуамæ æппæты разæй райса йæ сывæллæтты сæр. Тынг мæ фæнды, уый тыххæй исты куы ныффыссис, цæмæй устытæ зоной сæ бынат..." Æз зонын, сывæллон скъолайæ куы æрбацæуы, уæд йæ фыц- 265
цаг фарст вæййы: кæм и мæ мад?! Сывæллоны хъæуы мад. Уый дызæрдыггаг дæр нæу æмæ дзырдтаг дæр. Сывæллæттæ кæмæн ис, уыцы сылгоймагæн йæ тæккæ бынат йæ тæккæ хæдзары, йæ къонайы. Мадæн æндæр искæмæй баивæн нæй. Æнæмад хæдзар та у сидзæр, уазал, æнæ хæринаг, æнæ зылд. Æмæ ма ахъуыды кæнут, æнæхъæн аст сахаты цы сылгоймаг бакуса, уымæн ма йæ хъару цас у хæдзары зылдтытæ бакæнынæн, сывæллæттæм фæкæсынæн, цæхсынæн, хæринаг скæнынæн. Гъе уыдæтты аххосæй сывæллæттæ дзæгъæл кæнынц æнæ мадæй æмæ бафтынц галиу фæндæгтыл. Цыбыр дзырдæй, нæхæдæг нæхи аххосæй хъомыл кæнæм фыдгæнджыты ног фæлтæртæ. ЁЛКÆЙЫ ТЫХХÆЙ „...Мæнмæ гæсгæ ёлкæ фæзынди муртаттдзинадимæ иумæ. Мæ хæлæрттæ та афтæ ныллæууыдысты, уый æнусон царды нысану, зæгъгæ. Сæрдæй-зымæгæй æдзух цъæх-цъæхид кæй дары, уый тых- хæй алы чырыстон хæдзары дæр Ногбонæхсæв тынг æхсызгон у ёлкæуынын. Цæй ма уæдæ, господин Водневский, базмæлын кæн дæ мæгъзтæ æмæ ныффысс, дæумæ гæсгæ кæцæй æрбафтыд не ’гъдаумæ цъæх ёлкæ, æрмæст дæ дзуапп Библийыл арæзт куыдуа, афтæ". Хуыцауы Ныхасы йæ кой дæр нæй Ногазы ёлкæйæн. Уæвгæ та у æнæ Чырысти чырыстондзинады нысан. Уый, мæнмæ гæсгæ. Уæдæ цы у, цæуыл дзурæг у зазы къалиу, ёлкæ? Бæласы бындзарæй хицæнгонд лыггаг, йæ цæрæнхосæй кæй фæхицæн кодтой, ахæм къалиу. Уый фæстæ бахус вæййы æмæ иæ аппарынц бырæттæм, кæнæ йæ басудзынц. Алы хъазæнæй, алы рæсугъддзинадæй арæзт ёлкæ бæргæ вæййы цæсты рухс, фæлæ уый кæнгæ рæсугъддзинад у æмæ йыл цин кæнынц сабитæ. Ёлкæйæн йæхиуыл дыргъ миййаг нæ зайы. Фыццаг хатт хæдзары мидæг ёлкæ фæзынди 16-æм æнусы райдиан, Мартин Лютер ма куы цард, уыцы заманты. Æмæ цæмæндæр фынддæс æнусы адæм фæцардысты æнæ ёлкæйæ. 266
Æнхъæлдæн æмæ ныр дæр бафæразиккой Ногазы бæрæгбоны æнæ цъæх зазы къалиу. Афтæмæй, æвæдза, алы бинонтæ дæр иунæг ёлкæ куы садзиккой сæ кæрты, кæнæ сæ дуармæ, цæттæ удæгас заз бæласы къалиу алыг кæныны бæсты, уæд кæртытæ æмæ уынгтæ цъæх-цъæхид дариккой сæрдæй-зымæгæй. Уый зынгæ ахъаз фæуид уæлдæфы сыгъдæгдзинадæн. Заз бæлас тынг пайдайаг зайæгой кæй у, уый та чидæриддæр зоны. Æмæ нæ сабиты зæрдæ рухс кæнид мард къалиуæй нæ, гæххæттын хъа- зæнтимæ, фæлæ удæгас рæсугъд цъæх бæлæстæй, сæрдæй- зымæгæй. ФÆСИВÆДЫ МОРАЛОН ЗОНДАХАСТЫ ТЫХХÆЙ „...Дæ Беседæтæ хорз сты, мæ хæлар, зæрдæмæ арф хизынц, фæлæ мæ фæнды дзуапп куы радтис мæ фарстæн дæр. Зæгъ ма, дæ хорзæхæй, куыд схæцæн ис хæрдмæ нæ фæсивæды моралон зондаха- стыуавæрыл?..." Фæсивæды моралон уавæр уæлдæр сисыны тыххæй уал фыц- цаг хæрдмæ схæцын хъæуы ныййарджыты моралон уавæрыл. 17 милуан сабийы Америчы рæзынц æппын æнæхъомыладæй. Цæ- мæн? Цæмæн куы зæгъат, уæд сæ ныййарджытæ сæхæдæг дæр нывыл хъомылгонд не сты. Бирæтæ дзы æппындæр ницы бар дарынц динмæ, Евангели нæ кæсынц, аргъуанмæ нæ цæуынц, Хуыцауæй нæ тæрсынц, хицауадæй, хистæртæй не ’фсæрмы кæнынц. Ахæм ныййарджытæ, сымахмæ гæсгæ хъуамæ цæуыл сахуыр кæной сæ цоты? Æмæ сæ цот рауайынц сæхицæй фыддæр. Ныртæккæйы сабитæй ма кæцыфæндыйы дæр бафæрсут, кæддæра исты æмбары Библийæн. Уымæн æмæ дзы йæ ный- йарджытæ дæр уымæй фылдæр не ’мбарынц. Гъе уый аххосæй рæзгæ фæлтæры алы сæдæ адæймагæй дæр 80 адæймаджы бæрц æргомздæхт сты фыдвæндмæ, фыдгæндмæ. Æмæ уæхæдæг хъу- сут, стæй уынут, бæстæйыл цы æвирхъау фыдбылызтæ цæуы, уыдон. Фыдгæнджытæн сæ дзæвгар фылдæр хайыл 25 азы дæр 267
нæма сæххæст, афтæмæй сæ тæккæ равдисынафон бахауынц талынг ахæстæттæм. Уый кæй аххос у? Хистæрты! Библи афтæ зæгъы: æвзонг удгоймаджы раст фæндагыл сæвæр йæ тæккæ райдианы, йæ тæккæ фыццаг къахдзæфыл æмæ дын зæрондæй дæр нал фæрæдидзæн (Пр. 22:6). Ныййарджыты цардæй тыхджындæр ахуыргæнæг фæсивæ- дæн нæй. Кæстæртæ кæддæриддæр фæзмынц сæ ныййарджыты уаг æмæ фæтк. Дæ сывæллонæн дæ бон куыд бауыдзæн тамако зиан хæссы адæймагæн, зæгъгæ, амонын, дæхæдæг куы дымай, уæд. Мæ хуыздæр фæнд мæнæн ахæм у: аргъуанмæ цæут уæ сывæллæттимæ, Хуыцаумæ кувут уæ сабитимæ иумæ. Кæсут сын Библи æмæ сын æй æмбарын кæнут. Фæлæ уын мæ бон фидарæй афтæ зæгъын нæу, уый адыл уæ сабитæ зæдтæ фестдзысты. Уæвгæ та сын феххуыс уыдзыстут царды æцæгдзинад æмбары- нæн, æнæ Чырысти фервæзæн кæй нæй, амондджын цардыл фæхæст уæвæн кæй нæй, уый. Хуыцау уын æххуысгæнæг фæуæд! КУВЫНЫ ТЫХХÆЙ „...Дæ Беседæтæ дын кæсын æмæ мæуырны, кувын тынг ахъаз кæй у, уый, фæлæ мæхæдæг нæ фæразын кувын. Курын дæ} мæн тыххæй бакувын". Дæ бæсты, миййаг, мæ бон бахæрын у? Дæ бæсты мæ бон бафынæй уæвын у? Æвæццæгæн, нæ. Афтæ дæ бæсты бакувын дæр нæу мæ бон. Ды фыссыс, бирæ хæттыты дæхиуыл дуар æр- бахгæдтай кувгæ-кувын, Чырысти куыд амыдта, афтæ, фæлæ цæмæндæр тарстæ. Бынтон дзæгъæлы! Кувгæйæ дæ хъуамæ æппындæр мацы хъыгдара нæдæр исты хъуыдытæ, нæдæр исты æнкъарæнтæ, нæдæр исты гуырысхойаг хабæрттæ. Дæ зæрдæ хъуамæ æппындæр мацæмæ æхсайа, кæмæ кувыс, кæй ном арыс, уымæй дарддæр, Ды зæгъыс, æхгæдтай дуар, фæлæ йæ æххæст не ’рбахгæдтай. Тæрсын та дзы нæ хъуыд, дуарæхгæдæй дæм ницы 268
фæныхилдзæн. Уæвгæ тæрсгæ та цæмæй кæныс? Хуыцауæй? Йæ Иунæг Фыртыл дæр Чи нæ бацæуæрзта дæу тыххæй, мæлæтмæ Йæ Чи радта дæу хуызæн тæригъæдцжынты сæраппонд, Уымæй? Уый та дæ афтæ уарзы æмæ дæ аирвæзын кæныны тыххæй цæттæ у цыфæнды хъуыддагмæ дæр. ГУырысхо та цæуыл кæныс? Хуы- цау Йæхæдæг бацахста дун-дуне æнæхъæнæй, фæлæ демæ дæр æмæ алы адæймагимæ дæр Уый фæнды хицæнæй, æнæ æвди- сæнæй фембæлын. Æмæ Хуыцауæн куы раргом кæнай дæ уавæр, дæ зæрдæйы уаг, уæд дын Уый дæр раргом кæндзæн Йæхи. Дуарæхгæдæй дæхæдæг иунæгæй дæуæн дæ бон дзурын у Хуыцауимæ дæ зæрдæйы ныхæстæ, стæй канд дзурын нæ, фæлæ хъусын дæр, Хуыцау дын Йæхæдæг цы зæгъдзæн, уымæ. Уыдæт- тæ хорз æмбæрста псаломтæ фыссæг Давид æмæ арæх дзырдта: „Байхъусон, цы зæгъдзæн Хицау Хуыцау". Хуыцау дæумæ æнхъæлмæ кæсы æргом ныхасмæ, цы дæ фæнды, цы дзы курыс, цæмæ кувыс, уымæ. Дæ куывды хъуамæ мисхалы бæрц дæр ма уа цæстмæхъус ныхас. Кувын, - уый æгъдауы тыххæй нæ кæнынц адæм, фæлæ сæ зæрдæйы цы зæгъинаг ис, цæмæ бæллынц, хъуамæ уыцы ныхæстæ дзурой, стæй кады тыххæй нæ, кæй ахуыр кодтой ахæмтæ, фæлæ уды фæндонтæ, сæ сусæг зæгъинæгтæ. Дæуæн та дæ ’фыццаг куывд хъуамæ уа фæсмон дæ тæри- гъæдтыл, уымæн æмæ адæм се ’ппæт дæр тæригъæдджын сты, ныххатыр кæмæн хъæуы, ахæмтæ. Тынг мæ уырны, кæй радзырдтон, уыдæттæ куы бамбарай æмæ дын куыд бацамыдтон, афтæ куы кæнай, уæд Хуыцаумæ фехъуысдзæн дæ куывд. Æз дæр кувын гъе, уый тыххæй. МЕ ’НÆЗОНГÆ ХÆЛАРМÆ „...Дины хъуыддæгтæм мæ хъус никуы бадардтон, фæлæ дæ Беседæтæ бакæсгæйæ, мæ зæрдæ тынг ахсайдта Хуыцауы æцæг- дзинад базонынмæ. Уый адыл мæ хæлæртты цæсты мæхи баф- тыдтон. Зын дæрмын куыннæу. Уд зынаргъдæру буарæй æмæуый адæм не ’мбарынц. Æз æууæндын Чырыстийыл æмæ Йæм кувын, 269
куыд зонын, афтæ, мæхи ныхæстæй. Фæлæ куыд базындæуа, цы мадзалæй, мæ тæригъæдтæ мын ныббарста, уый?..." Тынг лæмбынæг бакастæн дæ писмо. Æмæ мын æхсызгон у, æгайтма зæрдиагæй агурыс Хуыцауы Æцæгдзинад. Æмæ йæ аргæ дæр скæндзынæ, Евангелийæ дæхи куынæ сцух кæнай, уæд. Фыссыс, дæ хæлæрттæ дыл сæхи атигъ кодтой, зæгъгæ. Уый нырма чысыл у. Æз мæхæдæг 12 азы размæ Чырыстийыл мæхи куы бабастон, уæд мæ мæ хæлæрттæ зондхъуаг схуыдтой, суанг ма мыл газетмæ дæр ныффыстой. Æмæ цы, Хуыцауимæ йæ ахастдзинæдтæ нывыл чи сæвæрдта, ахæмы схонынц æдылы. Фæлæ дæ рох ма уæд, дæлимон дæ дæхи уагыл æнцад не ’руадздзæн. Цалынмæ дæ хъуыдытæ дины алыварс зилдух код- той, уæдмæ дæ нæ хъыгдардта. Фæлæ Чырыстимæ куы фæхæс- тæгдæр дæ, уæд дæм дæ хæлæртты дзыхæй бауырдыг. Уый дæ рох ма уæд. Фæраз цавæрфæнды æфхæрæнтæн дæр, фæлæ кув. „Мæн сырдтой, сымах дæр сурдзысты", - загъта Чырысти. Ноджы дæр загъта: „Ахуыргæнинæгтæ Ахуыргæнæгæй уæлдæр не сты". Афтæ зæгъæн нæй, Чырыстийыл чи æууæнды, уыдонæн зæрдæ æвæры фарны фæндагæй. Фæлæ йæхи Чырыстийы бар чи бакæна, уый фæуæлахиз уыдзæн. Уæдæ куыд базындæуа, Хуыцауæй райгуырдтæ дæ удæй, æви нæ? Уый дын бамбарын кæндзæн Сыгъдæг Уд. Зæрдæ йæ æнкъа- рын райдайдзæн. Уæлдæрæй райгуырды нысæнттæ сты ахæмтæ: 1. Йæ тæригъæдтæ барст кæмæн сты, уый зæрдæбынæй уыр- ны Евангели. Уырны йæ, йæ тæригъæдттæ йын Чырысти кæй бахатыр кодта, æмæ йын кæй радта æнусон цард. Йæ зæрдæйы фæзынд цин йæ фервæзтыл. 2. Уыцы уырнындзинадæй йæ зæрдæ у рухс. 3. Тæрсы тæригъæды бацæуынæй, дардмæ дзы лидзы; раздæр ын æхсызгон цы уыд, ахæм хъуыддæгтæй ныр уыны йе сæфт. 4. Æнæрхъуыдыйæ тæригъæд куы ракæна, уæд йæхицæн бы- нат нæ ары, сагъæсы бахауы, цалынмæ фæсмон нæ фæкæна Хуы- цауы раз, уæдмæ. 5. Йæ зæрдæ æрцагуры Библи кæсын æмæ æндæр чырыстон чингуытæ. 270
6. Æрфæнды йæ иннæ кувæг адæмимæ иумæ æмбæлын, уæлдайдæр та - аргъуаны. 7. Фæнды йæ, йæ бон цас бауа, уый бæрц дунейы Евангелиза- цийы хъуыддæгты бацархайын, æнæхуыцау адæмæн Чырысти- йы тыххæй дзурын. Гъе уыцы миниуджытæм гæсгæ адæймаг базондзæн, йæ тæригъæдтæ хатыргонд æрцыдысты нæ, уый. Ныр та уал хæрз- бон. Хуыцау уæ хъахъхъæнæд, æмæ уæ сфидар кæнæд ирвæзыны фæндагыл кæронмæ. БАСÆТТ, ФÆЛÆ КÆМÆН? „...Æз тынг дызæрдыг кæнын Библийы иу ахæм амынддзинадыл: „Сæттутуæ кæрæдзийы раз уæ тæригъæдтыл". Æз иу хатт афтæ басастæн мæ тæригьæдыл æмæ дзы афæдзмæ стыр маст расайд- тон йæ фæдыл. Мæ тæригъæд кæмæн дзырдтон, уый йæ атауыс кодта дардыл æмæуый адыл нæ кæрæдзимæ сфыдæх стæм". Æвæццæгæн, ды раст нæ бамбæрстай Библийы амынддзинад, кæд æмæ де ’фсымæры фыдкой ракодтай, уæд хъуамæ уымæн йæхицæй ракуырдтаис хатыр, науæд Хуыцаумæ дæ куывдтытæ фæдзæгъæл уыдаиккой. Де ’фсымæрæй хатыр куы райсай, уæд дын Хуыцау айсдзæн дæ фæсмон. Хи рæдыд, хи аххос сраст- гæнæн дæхионты астæу ис æрмæстдæр хатыр ракургæйæ. Фæлæ исты тæригъæд кæд ракодтай Хуыцауы раз, уæд басæттын хъæуы Хуыцауы раз. Ахæм тæригъæды кой ракæнæн ис, æрмæст- дæр тынг кæуыл æууæндыс, уымæн, дæу тыххæй чи бакувдзæн, хабар дардыл койаг чи нæ фæкæндзæн, ахæмæн. 0, уый уыди, фæлæ мын фæлмæнзæрдæ Хуыцау ныххатыр кодта. ФÆНДЫ МÆ БАЗОНЫН „... Афæстаг азты бирæ бакастæн де статъятæй. Æмæ дæ кæд уынгæ никуы фæкодтон, уæддæр бамбæрстон уырнындзинады æмæ 271
ирвæзыны фæдыл нæ хъуыдытæ сты иухуызон. Фæлæ мæм ахæм фарст ис дæумæ: мæнæ ныр æхсæзæм аз кусын алы хуыцаубоны дæр, адæм аргъуанмæ куы фæцæуынц, уæд. Мæ куыст хорз у -, горæты донуаты, бассейн кæй хонынц, уым. Æмæ мæ куысты рæстæг куыд æрæййафы, афтæ кусын, хуыцаубон уа, къуырисæр уа, уымæ нæ кæсгæйæ. Фæнды мæ базонын, цымæ хуыцаубоны кусын тæригъæд нæу?" Хуыцаубоны куыстыл иудадзыг кæй тыхсыс, уый ууыл дзу- рæг у æмæ дæ ссарын хъæуы æндæр куыст, цæмæй хуыцаубон уа ДÆХИ УДЫ хъуыддæгты бон. Сабатбон кæнæ хуыцаубон бæрæг кæнын дæр нын кæй ницы ахъаз у ирвæзынæн, уый неппæт дæр зонæм. Фæлæ чырыстæттæ хуыцаубон снысан кодтой нæ Уæларвон Фыды кадджын кæны- нæн, аргъуанмæ кувынмæ цæуынæн. Уымæ гæсгæ мæ фæндæй ахæм бонты не ’мбæлы кусын, уый дын æрхæсдзæн зиан дæ удæн. Мæн уырны, Хуыцауæй курын куы райдай, уæд дын баххуыс кæндзæн, дæ зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæм куыст ссарынæн, хуыцаубоны дын аргъуанмæ цæуыны æмæ адæ’мимæ иумæ кувы- ны фадат куыд уа, афтæ. Уырнæг адæм хуыцаубон дæр бафæллайынц æнæуый кусгæ боны хуызæн. Уымæн æмæ æцæг уырнæг адæм уыцы бонты бабæрæг кæнынц рынчынты, иунæджыты, стæй иннæ адæмæн æмбарын кæнынц Библи. ХАТЫРГÆНÆГÆН - ХАТЫР „...Цымæ ныххатыргæнæн ис, мæ цардмын чи фехæлдта, æнус- тæм мæ чи фенамонд кодта, ахæм адæймагæн? Уæлдай диссаг та уыйу, æмæуыцы адæймаг абон фæсмон кæны йæмитыл, райсом та фæстæмæ уыцы митæ кæны..." Фæсмон кæнын чи кæны, уымæн бахатыр кæнын хъæуы, кæд уæ фæнды, цæмæй уын Хуыцау дæр бахатыр кæна, уæд. Чыры- 272
сти уымæн загъта: „Хатыр кæнут, цæмæй уын Хуыцау дæр ныб- бара" (Мр. 11:24). Стæй ма афтæ: „Хатыр кæнут æмæ хатыргонд уыдзыстут" (Лук. 6:37). Хуыцауы раз та неппæт дæр стæм аххос- джынтæ, неппæтæн дæр хъæуы хатыр. Уæ зæрдыл лæууæд, Чырысти мæнгард Иудæйæн йæ къæхтæ кæй æхсадта æмæ куыв- та, дзуарыл Æй чи байтыгъта, уыдоны тыххæй. Ды цы лæджы кой кæныс, уый та, æвæццæгæн, бахаудта фыддзинæдты ахæсты æмæ йæ кæнон кæны. Зæрдæбынæй кув йæ цæрæнбоны тыххæй. Ахæм æнамонд гуырдæн йæ зæрдæйы уаг аивын у Хуыцауы бон, дæлимоны ахастæй йæ феуæгъд кæнын. Стæй дæ дзыхæй дæр ма цæуæд „никуы йын ныххатыр кæндзынæн", зæгъгæ, ахæм ныхас. Уымæй дæхи сæнæхай кæн- дзынæ Чырыстийы арфæйæ. МÆНÆН ЦÆУЫЛНÆ ÆХХУЫС КÆНЫ, УÆДÆ? „...Дæ фыстытæ дын арæх кæсын, мæ хæлар, æмæ иудадзыг дæр дзурыс: Хуыцау баххуыс кодта, Чырысти æххуыс кæны... Фæлæ ма зæгъ, дæуæн куы æххуыс кæнынц, уæд мæнæн цæуылнæ æмбæлы, кæд æмæ сын æз дæр бирæ фæкуывтон. Раст зæгъын хъæуы, хорз зондыл хæст нæ дæн, зындзæрæн адæймаг кæй фæхонынц, раст ахæм æз дæр. Æмæ Хуыцауæй уый куырдтон, цæмæй мын феххуыс кæна уыцы æнæхаиры аиппæй фервæзынæн. Фæлæ кæсын, æмæ никуы æмæ ницы..." Хуыцау дæ дæхи бар кæй уадзы, уымæн, æвæццæгæн алыхуы- зон æфсæнттæ ис. Чи зоны, Хуыцаумæ кувыс, фæлæ дæхицæн ницы хос кæныс дæ аипп сраст кæнынæн. Бирæ адæм кувынц Хуыцаумæ: „Баххуыс мын кæн, фæахъаз мын у", зæгъгæ, сæхæ- дæг та мисхалы бæрц нæ фезмæлдзысты сæхицæн æххуысы номыл. Дæхи куы нæ хъарай дæхицæн феххуысыл, дæ тæри- гъæдтæй фервæзыныл, уæд æрвылбон дæр кув æмæ кув. Уый аф- тæ цæуы, мæнæ, зæгъæм, адæймаг æрбахгæдта йæ уаты рудз- гуытæ æмæ афтæмæй хъыг кæны, талынг мæм у, зæгъгæ. Дæхи къухæй байгом кæн дæ рудзгуытæ æмæ дæм хур бакæса. 273
Фидарæй дын мæ бон уый зæгъын у, æмæ кæд дæ аипп æцæгдзинадæй æппындæр дæ зæрдæмæ нæ цæуы, зын дын кæны æмæ дæ тынг фæнды уымæй фервæзын, уæд табуафси, балæ- гъстæ кæн Чырыстийæн æвæстиатæй æмæ дæ фервæзын кæн- дзæн. Чырысти та дзæгъæл хуымæтæджы нæ загъта: „Мæнмæ æрбацæуæджы никуы федтæдуар кæндзынæн", зæгъгæ. ДЗÆГЪÆЛ ТАРСТ „...Æргомæй зæгъын, бирæ хæттыты мæм æрцыд ацы æнæхаи- ры дунейæ мæхи фæиртасыны æмæ Евангелийы фæдыл ацæуыны фæнд. Фæлæ мæ зæрдæ мæхиуыл нæ дарын, тæрсын, куынæ та фæлæууон тæригъæд ракæнынмæ. Цæстмæмитæ та мæ хъæды не сты..." Дæ хуызæттæ ма бирæ ис, мæ хæлар, æмæ дзæгъæлы тыхсыс. Евангелийы фæндагыл куы æрлæууай, уæд Хуыцауы фæрцы нал фæрæдидзынæ, нал аивдзынæ дæ зондахаст. Адæймаг йæхи Чырыстийы домбай къухты æвджид куы бакæны, йæ Хуыцау- хайыл йæхи куы бафæдзæхсы, уæд дзы тæссагæй ницы уал вæййы, хъахъхъæд æрцæуы фыдбылызæй. Æцæг чырыстæттæ куыдæй баззайынц зæрдиагæй Хуыцауæн кувгæ царды кæрон- мæ? Библи зæгъы: „Хуыцауы хъаруйæ, уырнындзинады фæрцы хъахъхъæд стæм ирвæзындзинадмæ" (1 Пет. 1:5). Æмæ æцæгдæр кæд дæхи нæ раст кæныс, уæд дын Чырыстимæ бакувгæ у æмæ цалынмæ нæма байрæджы кодтай, уæдмæ фæсмон фæкæн, Чырыстийы æвджид бакæн дæхи. Йесо загъта: „Мæ къухæй уæ ничи аскъæфдзæн". Чырыстийыл та æууæндæн ис. РАСТУУЫЙ? „...„Лæг æмæ ус", зæгъгæ, кæй схуыдтай, уыцы Беседæйы сидыс цот уадзынмæ. Хуыцау афтæ саккаг кодта дзуттæгтæн, зæхх бынтон афтид куы уыди, уæд. Ныр та нæ зæхх бæз-бæз кæны дзы- 274
ллæйсе, адæмы нымæц нымайæм миллиардтæй. Китайы, Индийы, Африкæйы æмæ æндæр рæтты сывæллæттæ та сыдæй мæлынц. Уымæ гæсгæ ныр сидын хъæуы, цæмæй бирæ цот мауал кæной. Уый уыдзæн раст..." Мæ Беседæйы æз цот кæныныл нæ ардауын адæмы. Уыцы кой скодтон æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ сывæллæттæ рауа- дзын у бинонты царды сæйрагдæр хъуыддæгтæй иу. Сывæллæт- тæ бинонтæн сты амонды хос. Æмæ Хуыцау дæр афтæ загъта дзуттæгтæн нæ, фæлæ фыццаг адæймаг Адамæн (Бытие 9:1). Сывæллæттæ Хуыцауæй лæвæрд сты. Адæмæн сæ ралæвар кæнгæйæ, Хуыцау уыдонæн ахъаз кæны, цæмæй сын уа фаг дарæс дæр æмæ хæринаг дæр сæ ныййарджыты куывдмæ гæсгæ. Ныййарджытæ сæ цоты куыд уарзынц, уый у, нæ Уæларвон Фыд адæмы куыд уарзы, уый бæрæггæнæн. Сывæллæттæ мах ахуыр кæнынц фæразондзинадыл, зондыл, уырнындзинадыл æнæ тæригъæдтæй цæрыныл. Æнæзæнæг - у хъыгаг æнамонд- дзинад. Фæлæ барвæндонæй гуырдз аппарынæй стырдæр тæри- гъæд уæвгæ дæр нæй. Ахæм мад нымад цæуы лæгмарыл. Китайы, Индийы æмæ Африкæйы сывæллæттæ сæ бирæ нымæцы тыххæй стонг не сты, фæлæ æхсæнадон æмæ социалон дызгьуым закъонты тыххæй, цыбыр дзырдæй утæппæт сабитæ æххормаг сты æнæуаг цардæвæрды аххосæй. Япон, Голланди, Германийы бæстæтæ та, адæмæй æгæр дзаг уæвгæйæ, уæддæр сæ цот æййафынц дарæсæй ифтонг, хойрагæй - æфсæст. Хорз зæххытæ Хуыцауы фæндæй сеппæты фаг дæр ис. Царды мидæг сæйрагдæр у Хуыцауыл æууæндын, Евангелимæ гæсгæ цæрын æнæ тæригъæдæй, уæд сывæллæттæ æлгъыстаг нæ уыдзысты, фæрнæйдзаг йедтæмæ æмæ Хуыцау дæр гъе, афтæ загъта. РАСТ ФÆНД „...Мæнмæ гæсгæмын ды бамбардзынæ мæ тыхст, ме нæ ’зонгæ хæлар. Мæ бинойнаг цæры Уæрæсейы мæ дыууæ сывæллонимæ. Кæрæдзиимæ хицæн стæм нудæс азæй фылдæр. Куы сæм ацæуон, 275
уæд дзы цардæй ницы фендзынæн. Æмæ хъуыды кæнын, уæд та æндæр ус ракурин, ме ’стджытæ мын чи баныгæнид, ахæм. Фæлæ уырнæг адæймаг кæй дæн, уымæ гæсгæ, миййаг, тæригъæд куы ракæнонуыцы хъуыддагæй, цымын бауынаффæ кæндзынæ?..." Де ’стджытæ дын чи баныгæна", уый тыххæй ног ус ракурын зондджын хъуыддаг нæу. Пайдадæр уаид æндæр хъуыддагыл ахъуыды кæнын: „дæ цæсгом, де ’фсарм сыгъдæгæй баз- зайыныл, мæрдтæм æнæ тæригъæдæй бацæуыныл. Цæмæндæр нудæс азы фæрæзтай æнæ усæй, æвæццæгæн, ма дæ зæрдæ дардтай фембæлыныл. Æмæ дæ бинойнагыл афтæ æнувыд кæй разындтæ, уымæй хæрзиуæджы аккаг дæ ды. Уæд ма ныр дæ фæстаг бонтæм æввахс цæмæн чъизи кæныс дæ цæсгом, цæмæн цæуыс дæ бинойнаджы зæрдæхудты æмæ Хуыцауы хъыджы дæр. Æвæццæгæн, дыл йæ зæрдæ нæ ивы дæ би- нойнаг дæр. Бафæзм æй æмæ дæ Хуыцау нæ ныууадздзæн æнæ арфæйæ. Библи бар нæ дæтты бинонты хицæн кæныныл, ницавæр æфсоны тыххæй, æрмæстдæр хæтыны аххосы йедтæмæ. Уымæ гæсгæ сымах дæ бинойнагимæ баст стут кæронмæ æмæ дын Хуы- цау нæ раарфæ кæндзæн ног усимæ. Бæрзондылбадæг та никуы аивы Йæ дзырд, Йæ закъон. Бакæс Библийы мæнæ ацы бынæттæ, уыдон дын баххуыс кæндзысты раст уынаффæ рахæссын: Рим. 7:2-3; 1 Кор. 7:10-39; Евр. 13:4; Марк 10:11-12; Лук. 16:18. КИНОНЫВТЫ ТЫХХÆЙ „...Ныртæккæ кæдæмдæриддæр ацу, æмæ дзы алыран дæр фен- дзынæ æмхуызон кинонывтæ, æнæуаг, æнаккаг цардæвдисæг филъмтæ, стæй ма сæ ахæм нæмттæй схонынц æмæ дæ сæры хъуын арц сбаддзæн. Стыр диссаг мæм кæсы уыдонмæ æнцад-æн- цойæ цæмæн кæсынц нæ дины раздзæуджытæ, иннæ ахæм, сæхи цы ныхъхъус кодтой нæ куырыхон хицауиуæггæнджытæ! Лæджы хуызæн лæг куыннæ разыны, ай цы ми кæнут, зæгъгæ, чи бафæрсид, 276
ахæм?Г Чи скæна кæрон, уæдæ æгадгæнæн, æнаккаг хъуыддæгтæн? Хатын дæм, ныффысмауæд та дыуыдоны тыххæй..." Дзырдæн райсæм Америчы. Чырыстон бæстæ у уый, фæлæ йæ адæм æппæт дæр чырыстæттæ не сты. Ис ахæм куырыхон хи- цауиуæггæнджытæ дæр, сæрхъуызой лæгтæ, фæлæ хæрз чысыл. Адæмы уаг бонæй бонвыддæрмæ куы цæуа, уæд уый нæ хъай- мæты нысан у. Стæй канд Америчы нæ, фæлæ алы бæстæты дæр. Америчы кой та уымæн ракодтон, æмæ уыцы бæстæйы закъо- нæвæрæг сты хицæуттæ нæ, фæлæ адæм сæхæдæг. Æмæ адæм иугæйттæй фæстæмæ уарзынц хиирхæфсæн кинонывтæ. Уыцы фыддзинады ныхмæ хæцæн ис иунæг мадзалæй: ма цæут мора- лон æгъдауæй æнæуаджы митæ æвдисæг кинонывтæм. Фæлæ уыцы мадзал, æвæццæгæн, пайда уæд уаид æмæ алчидæр афтæ куы бакæнид: „фæфæсмон кæн æмæ саргъау донæй Йесо Чырыстийы номыл (Д.А. 2:38). Ахæм уыд апостол Петры уынаффæ. Стæй ма дæрддæр: „Уæхи хъахъхъæнут ацы хæлд мыггагæй" (Ц.А. 2:40). „Уæхи ма тъыссут талынг хъуыддæгты", - амоны æндæр апостол. Уæвгæ та хъуыддаг афтæ у: нырма йæ азтæ кæмæн нæ сæх- хæст сты, ахæм сабитæн цавæр кинонывтæм нæй кæсæн, уыдон уынын не ’мбæлы хистæртæн се ’ппæтæн дæр. Фæлæ адунейы дзыллæтæ се ’ппæт Чырыстиимæ баст не сты. Уымæ гæсгæ ахæм амындтæ ницæмæ дарынц. Æмбаргæ дæр æй нæ кæнынц, æлгъаг киноныв цы зиан хæссы, уый. Мæ фæндæй аргъуанты кусджытæ хъуамæ куыдфæндыйы цæстæй ма кæсиккой моралон хъомылады фарстатæм, фæлæ арæхдæр хъуамæ здахой чырыстоны цæстæнгас уыцы про- блемæмæ. ЦЫУ ХУЫЗДÆР? „...Ды мын амоныс Аргъуанмæ цæуын. Æмæ хорзу бæргæ, фæлæ æз никуыма никæцы ран федтон уыйбæрц мæнгард адæм Аргъуан- ты йедтæмæ. Мæнмæ гæсгæ та ахæмтæй хи дардласын хъæуы..." 277
Разы дæн ууыл. Мæнгард адæмæй хи дард ласын хъæуы. Фæлæ дын бантъысдзæн? Уæвгæ ма зæгъ, цавæр ран нæй мæн- гард адæм! Суанг ма дæ тæккæ кусæн бынаты дæр æппæты рæбинагдæртæ сты мæнгæрдтæ. Аргъуаны та уæддæр раст адæм фылдæр ис. Æмæ уыдоны цæуылнæ хъуамæ бафæзмай? Мæнгæрдты тыххæй фыстон, фембæлдзынæ сыл кæмдæрид- дæр. Фæлæ уыдон Хуыцауы нæ фендзысты, афтæмæй та алчи дæр Хуыцауы раз дзуаппдæттæг у йæ хъуыддæгты тыххæй. Уымæ гæсгæ дын зæгъын, ма кæс чи хорз, чи æвзæр, уымæ, фæлæ кæс Хуыцаумæ. Æрмæст Уый зыбыты иунæгæй у нæ Ирвæзынгæнæг. Хуыцауы фæдзæхст у. ЦЫМÆ УЫЙ ТÆРИГЪÆД УА? „...Цалдæр хатты туг радтон рынчындонмæ. Мæ сыхаг æцæг уырнæг сылгоймаг уый куы базыдта, уæд мын загъта, стыр тæри- гъæды цæуыс, зæгъгæ; уый тыххæй, дам, фыст ис Библийы дæр. Æмæ мæ стыр мæты баппæрста. Кæд гæнæн ис, уæд мæм, дæ хор- зæхæй, фæхабар кæн, цымæ æцæгдæр тæригъæд у, мæ туг тыхст рынчынтæн кæй дæттын, уый?" Æз Библийы никæцыран ма сæмбæлдтæн, туг кæйдæр тыхст рынчыны бахъуыд æмæ йын раттыны бар никæмæн ис, зæгъгæ. Библийы ис афтæ фыст: „Уд туджы мидæг ис". Фæлæ зонæм Чырыстийы ныхæстæ дæр: „Йæ хæлæртты тыххæй йæ уд чи радта, уыцы уарзондзинадæй стырдæр нæй" (Ин. 15:13). Кæд æмæ дæ туг æхцайыл нæ уæй кæныс, фæлæ йæ тыхст рынчынтæн феххуысæн дæттыс, уæд дыл Хуыцауы арфæ сæмбæлæд! Алкæ- мæн уый йæ бон нæу. ЛÆГ ÆМÆ УС ,,..Æз кæй хъавын ныффыссынмæ, ууыл тынг зын баууæндæн у, фæлæ йæ уæддæр схъæр кæнон. Аст æмæ ссæдз азы цæрын мæ 278
лæгимæ æмæ мæ аст æмæ ссæдз азы йæ æнгуылдзтыл тыхта, хус къæрмæгау, адæймагыл мæ никуы банымадта. Куыддæриддæр æй фæндыд, афтæ фæцард, æз дзы фарсты никуы уыдтæн, хæдзары цыдæриддæр уыд - иууылдæр сæ хуыдта йæхи. Мæнмæ дзы ницы хауди. Алы хатт та йæхи уымæй раст кодта: „Лæг усæн йæ сæры хицауу, - Хуыцау афтæ загъта". Æз чырыстон дæн æмæ мæ фæнды Хуыцауы амындмæ гæсгæ цæрын. Фæлæма мын зæгъ, дæ хорзæхæй, куыд кæсон коммæ, иу „гайкæ" хъуаг чиу, уыцы сæры хицауæн?" Бинонты цард тынг вазыгджын у, уый чидæриддæр æмбары, фæлæ йæм Евангелийы рухс алырдыгæй дæр кæсы æмæ уыцы рухсмæ алы хæд-зонд адæймагæн дæр йæ бон фенын у йæ тар стъæлфытæ, йæ хъæнтæ. Ды дæр, дæ лæг дæр, стæй алы æндæр адæймаг дæр у уыцы рухсхъуаг. Апостол Павел бæлвырдæй ныффыста, лæг усæн кæй у йæ сæры хицау, йæ дарæг, йæ уромæг, йæ фæтæг. Стæй ис афтæ фыст дæр: „устытæ, кæсут уæ лæгты коммæ", дарддæр та ма дзы ноджыдæр афтæ: „лæгтæ, уарзут уæ устыты". Æмæ ма ноджы- дæр: „кæрæдзийы зæрдæхудты ма цæут", Уарзондзинад нæ фæрсы, бинонтæй чи у фыццаг, чи фæстаг. Уарзондзинад æхсыз- гонæй кæны, уарзон адæймагæн цыдæриддæр йæ бон у уыдæттæ. Иу чырыстонæн йæ ус арæх рынчынтæ кодта. Æмæ йæ чидæр йæ хæлæрттæй афарста: „Æфсымæр, æвæццæгæн, зынаргъ уайы дæ цард?" Æмæ йын лæг дзуапп радта: „Нæ зонын, цы дын зæгъон, уарзондзинад нæ нымайы нæ хæрдзтæ". Ды дæ лæджы коммæ кæй кæсыс, уый æвзæр хъуыддаг куы уаид, уæд, æвæццæгæн, аст æмæ ссæдз азы дæуимæ нæ фæцар- даид. Коммæ кæсын уарзондзинады нысан у. Æмæ уый чи нæ зоны, уыдон фæхицæн вæййынц кæрæдзийæ; уый адыл сæ рауа- йы кæрæдзийæн знæгтæ Хуыцауы цæсгомы раз, стæй адæм се ’ппæты раз. Фæлæ куыд фыссыс, афтæмæй кæд дæ лæджы сæр иу „гайкæ" хъуаг у æмæ дæ афтæмæй цы нæ æмбæлы, уыдæттæ домы, уæд дын моралон æгъдауæй ахæм „хъуаг сæрæн" ис коммæ нæ кæсыны бар. Чырыстийы ахуырад æвдисы, ирвæзыны хъуыдцагæн иухуы- зон ахсджиаг ахадындзинад кæй ис нæлгоймаджы удæн дæр 279
æмæ сылгоймаджы удæн дæр. Чырыстийы мидæг амынд нæй, нæдæр сылыстæг, нæдæр нæлыстæг (Гал. 3:18), фæлæ Хуыцау саккаг кодта бинонты цард, Хуыцау загъта: „хорз нæу адæй- магæн иунæгæй цæрын". Къайад канд юридикон акт нæу, фæлæ сæйрагдæр у Хуыцауы фæндæй æвæрд фæтк (Бытие 1:27, 28). Библи амоны, къайад кæй у кæрæдзийы зæрдæйы фæндты, кæрæдзийы хъуыдыты цæдис, чырыстæттæм та ма сæ иумæйаг дины, сæ кувыны цæдис. Къайад у нæлгоймаджы æмæ сылгой- маджы цæдис. Лæг уыцы цæдисы у сылгоймаджы сæры хицау, фæлæ йын уый нæ дæтты усы йе ’нгуылдзтыл „æртухыны" бар, „къæрмæджы" хуызæн æй раппар-баппар кæныны бар. Къайад у æмхуызон барджын дыууæ адæймаджы цæдис. Ус йæ лæгæн - йе ’мбал, йæ хæлар. Къайад нымайын хъæуы исбоны цæдисыл дæр. Бинонты æхсæн уæвæн нæй „дæу у", „мæн у"-тæн. Цы сæм ис, уый иууыл- дæр нымад цæуы сæ дыууæйæн иумæйагыл - „мах у". Кæронмæ ма уый зæгъынмæ хъавын, æмæ кæрæдзийы уар- зын амоны кæрæдзийæн хатыр кæнын. Сæ дыууæ дæр хъуамæ уарзой Чырыстийы. Уæд уыдзысты амондджын бинонтæ. ХЪУЫДДАГÆН КÆС ЙÆ УИДАГМÆ „...Дæс æмæ мыл дыууиссæдз азы рацыд æмæ цæргæ-цæрæнбон- тыуарзтон, стæй ныр дæруарзын кафын. Мæуды хиирхæфсæнтæ сты кафын æмæ спорт. Уарзын фæскуыст бахъæлдзæг уæвын. Фæлæ дæ гыццыл чиныг куы бакастæн „Израилы фæд-фæд нæ ацæудзыстæм", зæгъгæ, уæд мæ стыр дисы бафтыдтай: кафты ныхмæ цæмæн дæ?Цы исуым æвзæрæй?" Цы куы зæгъай, уæд кæддæриддæр хъуыдцагæн кæсын хъæуы йæ уидагмæ, йæ бындзармæ, стæй хуымæтæджы нæ, фæлæ лæм- бынæг, лыстæг хъуыдыгæнгæ. Кæд афтæ тынг уарзыс кафын, уæд дæ уаты дуар дæхиуыл æрбахгæн, æмæ дæ усимæ цъилау зил, каф, цас дæ зæрдæ зæгъы, уый бæрц. Уæд дзы ницы уыдзæн æвзæрæй, æнаивæй. Фæлæ лыстæг куы ахъуыды кæнай, иннæ- 280
тимæ дæ цæмæн фæнды кафын, зæгъгæ, ууыл, уæд раиртас- дзынæ: хæйрæг тынг дæсны „кæсагахсæг" у. Хорз арæхсы ис- кæйы удтæ йæ хызы фæмидæг кæнынмæ, хæлуарæг йæ тынмæ бындзы куыд баскъæфы, афтæ. Кæд æмæ кафын бирæ уарзыс, спорты хуызæн, уæд фæлвар ахæм спорты хуызты хъазын, дæ уды дын чи нæ агалиу кæна, дæ зæрдæ дын æндæрырдæм чи нæ ахсайын кæна. Рох макуы кæн дæ уды, йæ домæнтæ, йæ æууæлтæ, æнусон цард æм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. Дæ зæрдыл дар, рæстæгмæйы монцтæй дæ уд хъуамæ йæ мондæгтæ ма иса. Хъуыды кæнут æнусон цардыл, æнусон рæ- сугъддзинадыл, сыгъдæгдзинадыл. „ЧЫСЫЛ ДЗУГ" „...Иу ахæм аргъуан зонын, цалдæр азы размæ дæр ма-иу исты бæрæгбонмæ 200 адæймаджы бæрц кæдæм æрæмбырд. Ныр худи- наг дæр у йæ зæгъын, ссæдз адæймаджы бæрц дæр æм нал æрæмбырд вæййы. Уæдæ цы фесты адæм? Цæвиттон аргъуантæм нал цæуынц, кæцыдæртæ ма дзы цавæрдæр аргъуантæ бабæрæг кæнынц. Æмæ нæ сауджынæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæй уыцы хабар, цæуылнæуал цæуынц адæм аргъуанмæ. Æмæ йын куы бакой кодтон, уæдмын загъта: „Ма тæрс, чысыл дзугæйи, ома, æппындæр мачиуал æрбацæуæд, мæ бынатмæхи баруæд, æндæр. Уыйрасту?" Мæ бон дын уый зæгъын у, æмæ Чырыстийы пахуымпарты ЧЫСЫЛ ДЗУГÆЙ райрæзыд Йæ фæдонты стыр æфсад. Фæлæ ныр та кæсæм, æмæ аргъуантæ æгад-æдзыдмæ уымæн æрцыды- сты, æмæ чырыстæттæй бирæтæ сæхи атигъ кодтой Хуыцауыл, нал æууæндынц нал дæр Йæ тыхыл, нал дæр Йæ уарзтыл, нал дæр дзы тæрсгæ кæнынц. Чырыстон дины раздзæуджытæ, сау- джынтæ, алчертæ, диакъæттæ се ’ргом нал здахынц Хуыцауы Фыстæгмæ, фæлæ уæддæр кусынц, зæгъгæ, уый номыл аргъуан- ты аргьуыд вæййы къæлиндармæ гæсгæ. Чысыл нæй ахæм чырыстæттæ, аргъуаны чи никуыма уыд, чи йæм цыд, уыдонæй 281
дæр алчи йæхи айста æндæр аргъуанмæ. Æмæ сæм хæрамгæнæн нæй. Чырыстон лæгæн моралон хойраг æмæ царды суадон пара- хатæй чи дæтты, уыцы аргъуан æнæмæнг сног уыдзæн, сырæз- дзæн. Афтæ амоны Чырыстийы закъон. Аргъуан чи аппæрста, уый та сыстырзæрдæ Чырыстийыл дæр æмæ цæры æнæ аргъуанæй, æнæ Чырыстийæ; аргъуан та, зонут, нымад у Чырыстийы буарыл. Фæлæ ма дзы иу фæзилæн та ахæм ис, исты æфсæнттæй, искæйы аххосæй адæймаг ныууадзы йæхи аргъуан, бирæ азтæ кæдæм цыд, уый, æмæ цæуын райдайы æндæр аргъуанмæ, уыцы диныл хæст чи у, ахæммæ. Æмæ уым аиппæй ницы ис. Фæлæ уæддæр искæцы аргъуаны уæнг ма уа, уый гæнæн нæй. Фидарæй зæгъæн ис, ахæм чырыстон кæй цæры æнæ Чырыстийæ. АХЪАЗЗАДЖЫ „КАРЗ" ФАРСТА „..Æз æнæмæнг æмбарын, ды дызæрдыг кæй нæ кæныс дзæнæт- мæ бахауыныл. Фæлæ ма мын зæгъ, дæ хорзæхæй, цы ми кæнынмæ дзы хъавыс? Диссаг мæм кæсы, цавæру, цы хуызæнууыцы дзæнæт? Советон дзæнæты хуызæн цымæ нæуыдзæн?" Мæнмæ гæсгæ, дæ хъазæн ныхæстæн бынат нæй, уыйас ахъаззаг æнусон стыр фарстайыл дзургæйæ. Фæсмон кæнын дæ бахъæудзæн. Дæ фарстæн та дын дзуапп ратдзынæн Библийы ныхæстæй: „Æлгъыстагæй, тæригъæдтагæй ницуал уыдзæн дзæ- нæты, фæлæ дзы уыдзæн Хуыцауы æмæ Йæ Фырты бадæн æмæ Йын Йæ лæггадгæнджытæ дæр лæггад кæндзысты" (уый та дын дзæнæты æз цы ми кæнынмæ хъавдзынæн, уыдæттæ). Дарддæр ноджы фыст у: „Æмæ дзы æхсæв дæр нæ уыдзæн, æмæ дзы цырагъ дæр нæ хъæудзæн æмæ хуры рухс дæр, уымæн æмæ сын Хицау Хуыцау рухс уыдзæн". Хуыцау дын бахатыр кæнæд æмæ дын дæ зæрдæ срухс кæнæд царды Æцæгдзинады рухсæй! Хуыцауы фæдзæхст у! 282
МÆ БÆЛЛИЦ „...Фыссын дæм мæ хъаст, мæ маст. Куыд тынг мæ фæнды, мæ лæджы куы бауырнид Хуыцау, мемæ куы цæуид аргъуанмæ, æмæ иумæ куы кувиккам, йæ нозт куы ныууадзид... Науæд мæ тухæнæй мары. Æмæ бирæ азты бæргæ кувын, фæлæ дзы ницы уайы, цы уыд уымæй баззад..." Дæ писмойы мæм куыд фыссыс, уымæ гæсгæ дæ фæндон у хиуарзон фæндон. Чи зоны, æмæ уый аххосæй дæ куывд нæ хъуысы Хуыцаумæ. Кæсын дæм, æмæ фылдæр тыхсыс дæхиуыл, дæ лæгыл нæ, фæлæ: „куыд хорз дын уаид уырнæг лæгимæ цæрын!" Уый раст у. Фæлæ дæ лæджы уды тыххæй куыд тыхсыс, уый тыххæй ницы загътай, йæ аирвæзыны кой дæр дæ нæ фехъуыстон дæ писмомæ гæсгæ. Афтæмæй дæ сæйрагдæр хъуы- ды хъуамæ уый уыдаид. Дæ лæг та куынæ фæфæсмон кæна, уæд фесæфдзæн. Кувгæйæ, æрмæст дæр дæхи уды кой куы кæнай, уæд дзы дæ лæгæн ницы пайда ис. Дæ проблемæмæ бавнал æндæр хуызы. Æнæмæнг, дæ цард зынгæ хуыздæр фæуыдзæн, дæ лæг куы фæфæсмон кæна йæ митыл, уæд, сæйрагдæр та уый у, æмæ ирвæзт æрцæудзæн. Æмæ уал фыццаджыдæр уый бафтæд къухы. Уый тыххæй кув æмæ кув дарддæр. ХИ УДЫ ХЪУЫДЦАГ „...Иу заманты афтæ зæрдиагæй бавнæлдтон Евангелимæ æмæ диссаг. Уый тыххæй цас æмæ цас æфхæрдтытæ баййæфтон, цас цæфтæ мыл ауад!... Нымæц дæр сын нæй, суанг ма мæ зондхъуаг дæр схуыдтой. Мæ лæг дæр ма мын загъта, дохтырæн дæхи фенын кæн, зæгъгæ. Чи та мыл худгæ кодта. Æмæ мæуды хъæддыхдзинад кæй нæй, уымæ гæсгæ фæсастæн, сектанткæтæ йедтæ хонын мæ куы байдыдтой, уæд. Сæ аргъуаны та афтæмæй дыууæ хатты йедтæмæ уæвгæ дæр никуы уыдтæн. Ныр фараст азы фæстæ æрæмбæрстон мæ рæдыд. Иуахæмы бакастæн дæ Беседæ æмæ ма 283
кæугæ дæр фæкодтон. Стыр Хуыцау, ныххатыр мын кæн мæ тæригъæд. Адæммæ байхъуыстон, мæудæн та зиан ракодтон..." Бахатыр кæн, фæлæ ма дæ ныхæстæм хæрз чысыл исты баф- тыдæуа, æндæр хъуыддаг йæхæдæг йæхи æвдисы. Дæ рæдыдыл кæй æрфæсмон кодтай, уый Хуыцауы зæрдæмæ тынг фæцæу- дзæн. Æмæ дызæрдыг ма кæн, дæ Хуыцауыхай дæ кæй уарзы, кæй дын ныххатыр кæндзæн æмæ дын дæ зæрдæ кæй барухс кæндзæн, ууыл. Табу Йæхицæн, бауырнын дæ кодта уæддæр, æнæ Уый цард кæй нæй, ууыл. Ма хъыг кæн дæ лæджы æмæ дæ хæлæртты уайдзæфтыл. Чи зоны, æмæ дын тæригъæд кодтой, фæлæ рæдигæ дæр тынг фæкодтай. Кæддæр æхсæнады хистæртæ æмæ фарисейтæ адæмы сыстын кодтой Йесо Чырыстийы амарынмæ, Варравæйы та ссæрибар кæнынмæ (Мф. 27). Адæм нæ загътой: „Фæлæуут ма, хъуыддаг равзарæм. Кæд афтæ, миййаг, нæу. Сымах кæд сæйрагдæртæ стут, хистæртæ, уæддæр адæмæй стут. Адæм та рæдийын дæр зонынц". Нæ! мæстджын адæм хъæр кодтой Пилатмæ: „Бай- тындз Æй! Байтындз! Варравæйы та ссæрибар кæн!" Гъе, ахæм у адæмы бардзы зондахаст. Æмæ дины уыдоны фæндонмæ хъу- сын - стыр рæдыд у. А.С. Пушкины драмæ „Борис Годунов" хорз ныв æвдисы, хуымæтæджы адæмы бардзы зондахастыл дзурæг ныв. Бояртæ лæгъстæ кæнынц Барисæн паддзахы къæлæтджын бацахсыны тыххæй. Иууылдæр сæ зонгуытыл æрлæууыдысты, кæуынц. Лæг йæ фарсмæ иннæмæ дзуры: „Ай иууылдæр куы кæуынц... Цæй æмæ ныккæуæм, æфсымæр, мах дæр". Уый йæм бадзырдта: „Мæхи лæмарын, бæргæ, фæлæ мын дзы ницы уайы... Хъæдындз ам хæстæг никуы ис, цымæ? Нæ цæстытæ дзы айсæрдиккам". Адæймаджы Хуыцау рафæлдыста нывыл. Æмæ не хæс у æхсæнады мидæг цæрын, фæлæ Хуыцауыл æууæндай æви нæ, уый та æрмæстдæр дæхи уды хъуыддаг у, æндæр æппындæр никæйы, нæдæр дæ лæджы, нæдæр дæ усы, нæдæр де ’фсымæры. Пилат та æруагъта, æмбал кæмæн нæй, ахæм стыр рæдыд, адæ- мы бардзмæ байхъусгæйæ. „Цы бакæнон Йесойæн, Чырысти 284
кæй хонынц, уымæн?" Йæхæдæг йæхи фарста æмæ фæлвæрдта исты хуызы йæхи куы фæиуварс кæнид, дзуапп дæттын æй цæмæй ма бахъæуа, уый тыххæй. Гæнæн куынæ уал уыд, уæд размæ рахызт, æмæ дзыллæйы цæсты раз йæхи сраст кодта: „Аххосджын нæ дæн ацы Рæстгæнæджы Туджы; уæхæдæг кæсут..." (Мф. 27:24). Рагон таурæгъ куыд дзуры, афтæмæй Пилат йæ æнусон ду- нейы иудадзыг йæ тугæйдзаг къухтæ æхсы æмæ æхсы, фæлæ Рæстгæнæджы Тугæй уæддæр нæ сыгъдæг кæнынц йæ дыууæ къухы. Нæ, нал ссыгъдæг уызысты Чырыстийы Тугæй амæст къухтæ Пилатæн, уымæн æмæ ацыд хуымæтæджы бардзы фæдыл, хæлæггæнаг фарисейты зонды фæдыл, кæд æй йæ зæрдæ зыдта, уыдон раст не сты, уæддæр. Уырныны фарстайæ ахсджиагдæр хъуыдцаг адæймаджы цар- ды ницы ис. Дæлæ кæнæм, уæлæ кæнæм, уый алкæйы дæр бахъæудзæн алыг кæнын. Фервæзæн та дзы нæй, хи асайæн дзы ницы хуызы ис. Чырыстимæ цы зæрдæ бадарай, уымæй аразгæ у адæймаджы амонд, йæ æнусон цард. Дзуаппæдæттæг та алчидæр у йæхæдæг. Евангели иу чысыл дæр исты фадат куы амонид мæрдты бæсты зындонмæ нæ бахауынæн, уæд, æвæццæгæн, ацы Беседæ уаид фæстаг. Евангели дæр дзы ницæмæн уал хъæуид. Æмæ уæд зæгъæн уаид: „Цæрут, кæмæн куыд амал ис, афтæ! Ирвæзыны хъуыддаг та мæрдты бæсты кæндзыстæм". Фæлæ Чырысти зæхмæ уый тыххæй æрхызт, цæмæй адæмæн æнусон цард саккаг кæна. Уæдæ зон, ÆНÆ ЧЫРЫСТИ нæй цард, нæй аирвæзæн. Æмæ ма дын цы бонтæ баззад, уыдон хардз кæн Чырыстийы ссарыныл, Йемæ бафидауыныл. Йæ бон у, æмæ дæ кæддæр чи хъыгдардта, уыдон дæр æрцæуой Чырыстимæ æмæ уой демæ. МИЙЙАГ УЫЙ РАСТ У? „...Дæумæ гæсгæ раст у, аргъуанты библиотекæтæ кæй ис, уый?"Дунеон организациты хъуыддаг нæумиййаг? 285
Библиотекæтæ алыхуызæттæ вæййынц. Кæд æмæ библиоте- кæйы тæрхæджытыл динамонæг æмæ адæймаджы уды сыгъдæг- дзинадыл дзурæг чингуытæ ис, уæд уый хорз хъуыддаг у. Рохгæнинаг нæу, уый дæр, æмæ ап. Павелмæ тынг ахсджиаг касти йæ библиотекæ; стыр аргъ кодта йæ чингуытæн, æнæ уыдон нæ фæрæзта цæрын. Æмæ уый тыххæй кæсæм мæнæ ахæм ныхæстæ: „Куы ацæуай, уæд-иу мын æрбахæсс чингуытæ... уæлдайдæр сæракцъарджынтæ". Павел афтæ фыста йе ’мкусæг Тимофеймæ (2 Тим. 4:3). Фæлæ уыцы чингуытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дины фæдыл фыст уыдысты, раст зондыл æфтауæг. Аргъуанæн не ’мбæлы библиотекæйы алыхуызон чингуытæ дарын, Хуыцаумæ чи нæ сиды, адæймаджы зондахаст чи галиу кæны, ахæмтæ. Аргъуаны библиотекæйæн чингуытæ æвзарын хъæуы тынг лыстæг, тынг хъавгæ. Абоны дуджы нæ чингуыты дуканиты ныккæнæнтæ дæр нæй фыр бирæ чиныгæй, æрмæст библиотекæйы дарынæн нæ, фæлæ бырæттæм кæй акалай, æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ, ахæмтæ. Хъыгаг уый у, æмæ нæ аргъуантæй бирæтæ абон дæр нæма бацархайдтой газет „Наши дни" рафыссыныл. Уæд ма æхсызгон хъæугæ чингуытæ æрæмбырд кæныныл та куыд дзурæм? Ууыл архайынц искуы-иутæ. Фæлæ сеппæтмæ дæр кæддæр бахъар- дзæн. НИЦЫ ПАЙДА ДЗЫ ИС... „..Æрæджы газеттæ фехъусын кодтой, Америкаг адæм дам, косметиксейыл рæстæмбис нымадæй афæдз хардз кæнынц иу бил- лион доллæры бæрц. Ноджы фылдæр та ма алыхуызон аивгæнæн лыстæг дзаумæттыл. Цымæ уæ аргъуан уыцы хъуыддагмæ цы цæстæй кæсы?..." Уый тыххæй æз тынг бæлвырд фыстон иу чиныджы, „Ахæм дзуапп дæтты Библи", зæгъгæ. Кæд дын амал уа, дæ къухы бафта уыцы чиныг, уæд æй бакæс æмæ дзы дзуапп ссардзынæ дæ 286
фарстæн. Цы фыстон, уый ногæй нал радзурдзынæн, фæлæ цыбырæй зæгъдзынæн. Цы аргъуаны дæн, уый дæр космети- кæмæ кæсы ап. Петры цæстæй. Петр та афтæ загъта: „Уадз, нæ рæсугъддзинад æвдисæг уæд, æдте нæ дзыккутæ куыд аив быд сты, уый нæ, нæ уæлæ цы сызгъæрин дзаумæттæ бакæнæм, уыдон нæ, иттæг фидауцджын дарæстæ нæ, фæлæ зæрдæйы сыгъæдæг- дзинад, адæймаджы æфсарм æмæ уæздандзинад (1 Петр. 3:3). Чырыстон адæймаг хъуамæ иннæ адæмæй хицæн кæна йæ уды рæсугъддзинадæй дæр æмæ æдте йæ бакастæй дæр. Фæлæ кæд, медицинæйы цæстæй кæсгæйæ, кæнæ профилак- тикæйы охыл адæймаг исты мадзæлттæй пайда кæны, зæгъæм, ныддасыны фæстæ одеколон, сылгоймæгтæ та исты кремæй, уæд уый ницы аипп у, уый тыххæй нæ фæиппæрд уыдзынæ Хуы- цауæй. Уæвгæ та рохгæнинаг нæу иу ахæм хъуыддаг: дæхи цыфæнды аивтæ куы скæнай, уæддæр цы дæ, уымæй рæсугъддæр нæ фæуыдзынæ. Дæ цæсгомы æнцъылдтæ цыфæнды сæрстытæ фæкæн, уæддæр цы дæ, уый уыдзынæ, дзæгъæлы ма фесафдзынæ дæ рæстæг, бахардз ма кæндзынæ де ’хца алымыггаг сæрдæнтыл æмæ дæхæдæг дæхиуыл фæхуддзынæ. Пайда та дзы мур дæр ницы. Æрдзы закъонтыл ничи фæуæлахиз уыдзæн. Иуæй-иу сылгоймæгтæ та нал бацауæрдынц алы мадзæлттæй сæхи рæсугъд кæныныл, кæд æмæ нæлгоймæгты зæрдæмæ фæцæуик- кой. Фæлæ рæдийынц. Æцæг лæг чи у, уый зæрдæ кæддæриддæр бахсайдзæн сыгъдæг, хуымæтæгарæзт сылгоймагмæ, æрдз æй куыд скодта, афтæмæй, æнæ уæлдай цæстмæмитæй. Хуыцауæй дæр тæригъæд у цæстмæ хи æвдисын. КУЫД ÆМБАРЫН ХЪÆУЫ? „...Куыд æмбарын хъæуы мæнæ ахæм ныхæстæ: знагæн хорз фæуыны тыххæй йын йæ сæрыл „сырх зынгтæ" бакал?" Æвæццæгæн, „сырх зынгтæ" цы амонынц, уый не ’мбарыс. Уый бамбарынæн æххуыс у ап. Павелы стих: „Фыддзинадыл уæлахиз кæн хæрзаудæнæй". 287
Знагæн хорздзинад куы ракæнай, хæлары цæстæй йæм куы акæсай, уæд ын уый сырхзынгау йæ сæры фыдвæндтæ басудзы. Хæлар цæстæнгас у фыдвæндтæ судзæн арт. Стонг знаджы хæринагæй куы бафсадай, кæнæ йын дон куы радтай, йæ тæккæ дойныйæ, уæд æнæнхъæлæджы йæ дурзæрдæ, митау, æртайы, тæвды их атайæгау. Куы дæ æфхæрдæуа, куы дæм загъд чындæуа, уæд дæхи ныхъхъуыс кæн, фæстæмæ ма дзур, - уый æгъгъæд нæу. Архай дарддæр хорз фæуыныл, цæстуарзон хъуыддæгтæй дзуапп дæт- тыныл, де ’знагæн йæ зæрдæ йæхиуыл куыд фæхуда, афтæ. Гъе, уымæн фæзæгъынц, хæрамы сæрыл „сырх зынгтæ" калы, зæгъгæ. Иу ахæм хъуыддаджы хабар мын рачындæуыд. Цавæрдæр сылгоймагæн йæ лæг æнæдин, æнæхуыцау адæймаг, æнæхатыр, гуымиры тызмæг лæг арæх загъд кодта хæдзары мидæг. Æмæ йæ куыд басабыр, куыд срастчындæуа, зæгъгæ, сылгоймаг сауджы- ны бафарста. Уæд ын сауджын йæхи фæрсы: - Æмæ „сырх зынгтæ", миййаг, нæ бафæлвæрдтай? - Нæ, - загъта ус, - фæлæ йыл ныр дыууæ хатты фыцгæ дон бакалдтон... Хъыгаг у бæргæ, бирæтæ гъе ахæм мадзалттæй кæй фæлва- рынц сæ хæрæмттæй хæлæрттæ скæныныл, уый. Фæлварынц, фæлæ сын дзы ницы уайы. Ап. Павелы амынддзинæдтæ та цар- ды фæлвæрд сты æмæ бæлвырд бæрæг у сæ ахъаз, уымæн æмæ уый Хуыцауы Ныхас у. КУЫД АЛЫГГÆНÆН ИС УЫЦЫ ПРОБЛЕМÆ? „...Цæвиттон, нæ аргъуан чысыл у, фæлæ фестырдæр уаид, нæ сауджын куыдфæнды цæстæй куынæ кæсид йæ куыстмæ, уæд. Гъе афтæмæй фæразæм йемæ ныр 20 азы. Æмæ алы хатт уый фæдыл ныхас куы бацайдагъ кæнæм, уæд афтæ ныллæууы: „Мæнæн Сыгъ- дæг Уд бамбарын кодта, ацы бынат ма ныууадз", зæгъгæ. Æмæ та адæм дæр ныхъхъус вæййынц, тæрсынц Хуыцауы фыдæхæй, уæдæ цы... Æмæ махууыл дис кæнæм: ау! Хуыцау æцæгдæр æрмæст уыцы адæймагæн саккаг кодта мах аргъуаны кусын?" 288
Æнцон нæ вæййы Хуыцауы фæнд адæймаджы фæндонæй раиртасын, хъуыддаг æдтæмæ бæлвырд куынæ зына, уæд. Афтæ- мæй йын фадат ис Хуыцауы ныхмæ цæуынæн дæр. Уырнæг адæймаг æнæхъæнæй дæр йæхи Чырыстийы бæрны куы бакæны, Сыгъдæг Уды æвджид, уæд йæ фæндон бацæуы Хуыцауы къухмæ. Кæд уæ аргъуан Хуыцауы хъæбултæй арæзт у, уæд уæ сауджынæн æппындæр ницы зын у Хуыцауы фæндон базонын: бакувыны фæстæ бахæссут фæндон Аргъуаны æмбырд- мæ, сусæгæй йыл схъæлæс кæныны тыххæй. Сыгъдæг Уды æвджид дæхи бакæнын, уый фынтыл æууæн- дæгау нæу, фæлæ Йесо Чырыстийы ныхæстыл æууæндын у: „Мæ фæдыл чи рацæуа, уый талынджы цæуын нал бахъæудзæн, фæлæ фендзæн царды рухс" (Ин. 8:12). Хуыцауæй арфæйаг нæ уыдзæн уыцы хистæр, йæ аргъуанмæ цæуæг адæмæн сæ фылдæры хъусын кæмæ нæ фæнды. Афтæ дæр, чи зоны, æмæ уа, кæд, миййаг, Хуыцау раджы сак- каг кодта уæ сауджынæн æндæр бынат, фылдæр пайда кæм фæуыдзæн адæмæн æмæ йæм фылдæр арфæ кæм æрхаудзæн, Хуыцауы фæндоныл цæугæйæ, ахæм æндæр бынат. АДÆМ ИУХУЫЗОН НЕ СТЫ „...Ис мын ахæм хæлар, алцæмæй дæр мæ зæрдæмæ чи цæуы. Æрмæст ыл иу хъуыддаджы мæ зæрдæ худы: адæм куыд хъуыды кæнынц, уый йæм нымады дæр нæу. Йæхи куыддæриддæр фæнды, афтæ куынæ уа, уæд никуыд. Æмæ йыл хъуыды кæнын, цы хуызы йæ басастæуа, куыд ын сраст чындæуа йæ аиппТ’ Алкæйы дæр йæхи хуызæн скæнынмæ чи хъавы, ахæмтимæ зын архайæн у. Уыдоны афтæ фæнды, сæ зæрдæмæ цы цæуы, уый хъуамæ æппæт иннæты зæрдæмæ дæр цæуа. Ахæм адæмтæн æппæтæй ахсджиагдæр хъуыддаг у сæ зæрдæйы уаг, сæ уды конд сраст кæнын. Уыцы „сахъат" сраст кæнын та йæ бон у æрмæст Чырыстийæн. Агур мадзæлттæ, фадæттæ дæ хæлары Хуыцаумæ, Евангелимæ феввахсдæр кæнынæн. Евангели амоны иннæ адæ- 289
мы фæндонæн дæр аргъ кæнын, адæм æппæт иухуызон, иу зон- дыл, иу уагыл хæст кæй не сты, уымæ гæсгæ. Адæмы фæндонтæ та кæддæриддæр æмхуызондæр вæййынц, Хуыцауы Æцæгдзинад бындуроныл нымад кæм цæуы, уым. ЕВÆ ХЪАСТ КÆНЫ „...Иу ран афтæ бакастæн, бритайнаг мынистр Мак Меллан, дам, алы изæр дæр ссары рæстæг йæ бинойнагимæ удæнцойæн бæзгæ чингуытæ кæсынæн. Рацагурут ма уæдæ мах „схъæлфын- дзты" æхсæн ахæм лæг! Мæ сæры хицауæн куы фæзæгъын, уæд ын цыма исты марг йæ дзыхмæ бадарын, уыйау асхъиуы мæ цурæй. Æмæ мæ зæрдæйы тугтæ ныккæлынц, куыд æнæхъола сты нæ лæгтæ, нуазынц, къамæй хъазынц дзæгъæлдзу кæнынц, уæддæр Евангелимæ не ’ркæсдзысты. Æмæ мæ зæгъд ууыл у æдзух нæ хæдзары..." Бузныг дæ писмойæ. Æмбарынгæнинагæй дзы ницы ис. Æз æндæр хуызы „Адæмтæ" зонын, дзыхъхъынног Адамтæ, алы изæр дæр иу чысыл рæстæг йæ бинойнагимæ, йæ хæлæрттимæ Евангели чи кæсы æмæ иумæ æмхуызонæй чи бакувы, ахæмтæ. Бинонты иудзинад бирæ аразгæ у иумæ бакувынæй. Æмæ сæ куывд хъуамæ хæсыл ма нымайой, мæнæ афтæ æмбæлы, зæгъгæ, фæлæ йæ нымайой, сæхи удты æхсызгонæн чи хъæуы, ахæм хъуыддагыл. Кувыны хъуыддаг афтæ нымайдзысты æрмæст дæр йæ уд Хуыцауæй кæмæн райгуырд, уыдон (Ин. 3:5). ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ХАБАР ФÆТК НÆУ „...Ефесянтæм æрвыст писмойы (6:11) афтæ амынд ис, цот хъуамæ кæсой сæ ныййарджыты коммæ. Æз та ахæм хабар зонын ныййарджытæ сæ сывæллæтты лæгдыхæй зæгъын кодтой мæнг ныхас. Æмæ мæм ахæм хъуыды æрцыд, цымæ сывæллæттæ кæддæриддæр хъуамæ сæ ныййарджыты коммæ кæсойГ 290
Ныййарджыты коммæ кæсын дæр æмæ хицауады фæндоныл цæуын дæр хъуамæ ныхмæ æвæрд ма уой Хуыцауы Ныхасмæ. Ныййарджытæ сæ цоты тыххæй дзуаппдæттæг сты Хуыцауы раз. Фæлæ сеппæт сæ Хуыцауыхайæ нæ тæрсынц. Æз дæр зонын иу ахæм хабар, сывæллон ма уыдтæн, фæлæ мæ ныр дæр нæ рох кæны: нæ сыхаг нуазаг лæг йæ фырты æрвыста давынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм ран коммæ кæсын нæ хъæуы фыдæн. Ныййарджыты коммæ кæсгæйæ дæр афтæ бирæ рæзгæтæ аздæ- хынц галиуæрдæм, фыдвæндагмæ. Ап. Павел Хуыцауы фæдзæхстмæ гæсгæ уымæн загъта фида- рæй: сывæллæтты раст фæндагыл сæвæрæн нæй, бинонты æхсæн сæ ныййарджыты фидар къух æмæ кад куынæ уыной, уæд. КУЫННÆ КÆУДЗЫНÆ? „...Æрæджы мæм æрбахаудта уæ газет „Нæ бонтæ" („Наши дни"). Æмæ базыдтон, адæмы фарстатæн ды дæттыс дзуаппытæ. Уыцы сахат æрбадтæн æмæ дæм æз дæр фыссын. Фарон амарди мæ бинойнаг. Æмæ йæ куы ныгæдтой, уæд мæхи нал баурæдтон, мæ цæссыг æрызгъæлд. Уый фæстæ мын иу дина- монæг загъта: Мард кæд уырнæг адæймаг уыд, уæд ыл кæуын тæригъæд у, уымæн æмæ йæ уд Хуыцаумæ ацыд. Ууыл кæуын нæ хъæуы, фæлæ цин кæнын. Цæстмæмитæ нæ уарзын, ныкку, æви дæхи бауыром, афтæ æмбæлы, зæгъгæ. Фæлæ цæуыл хъуамæ бацин кодтаин, иунæгæй кæй баззадтæн, ууыл? Зæгъ ма уæдæ, куыд цин кæнон, мæ цæссыгтæ гæр-гæр куы кæной, уæд? Стæй куыннæ хъуамæ кæуон, кæд æмæмæ зæрдæриссы?" Куыннæ кæуай, дæ зæрдæ рисгæйæ, уымæн æз ницы зонын, Чи зоны, динамонæг дæ басабыр кæнынмæ хъавыд, цæмæй æгæр ма рисса дæ зæрдæ. Фæлæ уый дзыхæй зæгъгæйæ нæу. Мардыл кæуын, кæд ирвæзт у, уæддæр ыл скæуын тæригъæд нæу. Æрхъуы- ды ма кæн, Чырысти куыд куыдта йæ хæлар Лазæрыл (Иоан. 11:35). Уырнæг мæрдтæ Хуыцауимæ сты, фæлæ ам зæххыл цæргæ чи 291
баззайы, уыдонæн сæ зæрдæ риссы; æнкъард кæнынц, мысынц, кæй баныгæдтой, уыдоны. Уымæ гæсгæ цæссыг æркалын ницы диссаг у. Афтæ хъуыды кодта ап. Павел дæр. Бакæсут ма йын йæ ныхæстæ: „Епафродит мæлæтдзаг рынчын уыд, фæлæ йæ Хуы- цау баиргъæвта, стæй канд уый нæ, фæлæ мæн дæр, цæмæй мæ хъыгыл хъыг мауал бафта" (Фил. 2:27). Куыд уынæм, афтæмæй Павелы æмкусæг Епафродиты мæлæт цин не ’рхастаид Паве- лæн, фæлæ хъыг. Ап. Павел кæддæриддæр зæрдæтæ æвæрдта мардыл хъыггæ- нæг адæмæн, сабыр сæ кодта, фæлæ никуы загъта, цæссыг - тæригъæд у, зæгъгæ. Дæуæн та мæ бон уый зæгъын у, æмæ Хуыцауыл дæ зæрдæ дар, дæ рæстæг куы æрцæуа, уæд дæ Уый бакæндзæн, дæ биной- наг дæм æнхъæлмæ кæм кæсы, уыцы хуыздæр бæстæм. КÆЙ БОН У? „...Кæй зæгьын æй хъæуы, æнæгæды чырыстон уæвын куыннæу хорз хъуыддаг, фæлæ ацы дунейыл уый кæй бон у? Зæгъæм, мæнæн мæ куыстыуагмæ гæсгæуырнæгуæвæн ницы хуызы ис..." Æцæг уырнæг уæвын, æнæгæды чырыстон уæвын ахæм стыр хъуыддаг у ахæм, æмæ уыимæ абаргæйæ, дунейы æппæт хæзнатæ дæр змисæй уæлдай ницы ахадынц. Кæд æмæ дæ куыстмæ исты мæнгарддзинад хæццæ кæны, - ныууадз æй тæккæ абон дæр, цæмæй дæ ирвæзыны фæндагыл цæлхдуры хос ма фæуа. Хуыцау афтæ зæгъы: „Æз бæрзонд сисдзынæн, кад Мын чи кæны, уыдоны, Мæ ном æгадгæнджытæ та æгад уыдзысты (1 Цар. 2:30). Дæ куысты аххосæй рох ма кæн Чырыстийы ном. Уымæн æмæ дæ куыстæй Уый бирæ фылдæр æмæ хуыздæр ахъаз фæуыдзæн дæ удæн, фæндаг дын скæндзæн Æнусон цардмæ. 292
КÆЙБАФАРСТÆУА? „...Сылгоймаг аргъуаны йæхи куыд дара, уый тыххæй æз æдзухдæр фæхынцын ап. Павелы амындтытæ. Коринфæгтæм пис- мойы та (14:34). афтæ фыст ис, уыцы хъуыддаджы исты куы нæ зонай, уæд уæ хæдзары дæ лæджы бафæрс. Æмæ æз та кæй бафæрсон, лæг мын куы нæ ис, уæд?" Дæ бон у дæ хæлары бафæрсын, кæнæ аргъуаны хистæры, аргъуаны æмбырд куы ахицæн уа, уæд. Чырысти нын афтæ, мий- йаг, нæ амыдта, закъон æккацæй æккацмæ æххæст кæнут, иуварс фæзилæн дзы нæй. Закъонæн æххæст кæнын хъæуы, цы дзырд- тæй фыст у, уыдон нæ, фæлæ йæ хъуыды. IX БИБЛИЙЫ ЗЫНÆМБАРÆН БЫНÆТТÆ НЫХÆЙ НЫХМÆ УÆЛÆНГАЙ ÆРКÆСГÆЙÆ „...Матфейы Евангелийы (5:44) афтæ фыст ис: „уе знæгтыуар- зут", Лукайы Евангели та (14:46) зæгъы иннæрдæм: Мæнмæ чи æрбацæуы æмæ йæмад, йæ фыды, йæусы, йæ цоты, йе ’фсымæрты, йæ хоты, стæй ма суанг йæхи Мæнæй фылдæр чи бауарза, уымæн нæй Мæ ахуыргæнинаг уæвæн". Куыд бамбарæн ис ахæм ныхмæвæрд хъуыддæгтæГ Библийы бирæ ис, уæле æркæсгæйæ, кæрæдзиуыл чи нæ бады, ахæм ныхæй-ныхмæ æвæрд хабæрттæ. Зæгъæм, Чырысти- йы тыххæй дзы афтæ фыст ис, - Уый у сабырдзинады къниаз, Фидауæг, Матфейы Евангелийы та Чырысти зæгъы: сабырдзи- над æрхæссынмæ не ’рцыдтæн Æз, фæлæ фæринк кард" (10:34). Чырысти æрцыди адæймаджы Хуыцауимæ бафидауын кæнынмæ. Уый бадих кодта царды фæндаг дыууæ мыггагыл: 293
нарæг æмæ уæрæх фæндæгтыл. Нарæг у ирвæзыны фæндаг, уæрæх та - сæфтыты фæндаг, стæй кæрæдзи фарсмæ дæр нæ цæуынц: „Мемæ чи нæй, уый Мæ ныхмæ у", - загъта Чырысти. Иуырдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр уæвæн нæй. Уымæ гæсгæ алчи дæр дины мард æгъдæуттæм гæсгæ, фæсмон чи фæкæны, æмæ Чырыстийы фæдыл чи рацæуы, уый свæййы „знаг" дуне- йæн æмæ йæ хæстæджытæн. Чырысти бауарзта адæймаджы æмæ уымæ гæсгæ дзуаппы номыл адæймагмæ æнхъæлмæ кæсы уарзтмæ. Чырыстийæн адæймаджы зæрдæйы ис фыццаг бынат бацахсыны бар. Фæлæ уыцы фыццаг бынат Хуыцауæн нæ, фæлæ йæ фыд, йæ мад, йæ ус кæнæ йæхицæн чи саккаг кæна, ахæм адæймагæн „Мæ ахуыргæнинаг уæвæн нæй", - загъта Чырысти. Хъуыстгонд динамонæг П. Дейнекæ, æрыгон лæппуйæ афтыд Америкæмæ. Уынджы иу æмбырды уый фæсмон æрхаста Хуы- цауы раз. Цасдæр рæстæджы фæстæ Чырыстийы хабар рахаста Белоруссимæ æмæ сæ радзырдта йæ адæмæн, фæлæ йыл ничи баууæндыд, никæйы бауырныдтой йæ ныхæстæ. Æмæ йе ’фсы- мæртимæ куы нæ уал бакуымдта нозт нуазын, уæд ын уыдон загътой: „ды махæн æфсымæр нал дæ, ды не знаг дæ". Йæ ный- йарæг мад дæр ыл æвдисæн бакодта, йæ къух ыл систа. Гъе уый уын царды æцæгдзинад. Чырысти уый тыххæй загъта йæ ныхас Лукайы Евангелийы 14:46. Номдзыд евангелист, доктор Войта баууæндыд Чырыстийыл Словакийы. Уый куы базыдта йæ фыд, уæд æй фæнадта æмæ йын йæ бирæ бынтæй хай нал бакодта. Лæппуйы бахъуыд сæ хæдзарæй алидзын. Хъуыддаг æвæрд æрцыд афтæ: кæнæ дын Чырысти, кæнæ дæ фыд. Войтæ равзæрста Чырыстийы. „Адæймагæн йе знæгтæ кæддæриддæр разынынц йæхи хæ- дзары", - загъта Чырысти. 1949 азы мæнмæ æрбацыд 22-аздзыд нуазаг æмæ даваг лæппу, йæ ном Владимир Аккерман. Цалдæр бонмæ лæппу зæрдиагæй æрфæсмон кодта йæ тæригъæдтыл йæ цæссыг уадултыл згъæлд. Уый ныууагъта йæ фыдгæнды уæрæх фæндаг æмæ раздæхти Чырыстимæ, донæй аргъуыд райсгæйæ. Йæ хабар схъæр кодта иннæтæн дæр. Æмæ йæ æфхæрæнты бын фæкодтой йæхи æм- бæлттæ, кæмæй фæиртæсти, уыдон. Цынæ уайдзæф ын бакод- 294
той, дæ дин цæмæн аивтай, зæгъгæ, ахæм нал баззад, суанг ма йæ тæккæ хуыздæр „хæлæрттæй" иу кардæй дæр ныррæхуыста фыддæрагæн. Лæппу чырыстон æгъдауæй ныббарста йæ хæра- мæн, фæлæ уыцы цæфæй нал фервæзт. Мады, фыды, усы, сывæллæтты æмæ æппæт хæстæджыты уарзын - у хæс алкæцы чырыстонæн дæр. Фæлæ тæригъæддзи- над макæмæ уын, зонгæ-зонын дæ цæстытæ бацъынд кæн, уый раст нæу. „Рæстгæнджытæ, ма уарзут фыддзинад", - амоны Биб- ли, - кæй фæнды мидæг уæд". Уырыссаг литературæйы классик Некрасов дзæгъæл хуымæтæджы нæ загъта: „Уарзын уый нæ сахуыр уыдзæн, удхæссæг уынынæй чи бафæллад". Библи фыс- сы: „Дуне дзуарыл байтыгъта Чырыстийы. Куыд уарзтæуа уыцы дунейы?" „Платон мын у хæлар, æцæгад та - зынаргъдæр" - дзуры æмбисонд. Чырысти у æцæгад. Уадз æмæ нын Уый уа æппæтæй зынаргъдæр! КУЫД БАМБАРÆН ИС? „...Иоанны евангелийы афтæ бакастæн: „Мах ныр Хуыцауы сывæллæттæ стæм, фæлæ нырма нæмараргом, фидæны цыуыдзы- стæм, уый". Хъуыддаг афтæ цæуы, зæххыл цæргæйæ, адæймагæн зонæн нæй, фидæн заман æнусон царды чи уыдзæн, уый. Сымах та зæгъут „мах ирвæзт стæм..." Уæлæуыл Хуыцауы хъæбул чи сси, уый фидæны дæр афтæ баззайдзæн йæ æнусон царды. Æнусон Хуыцау адæмы рæстæгмæ ирвæзын нæ кæны. Фæлæ Хуыцауы сывæллæттæй иунæг дæр йæ фидæны уавæр нæ зоны æнусы. Уый базонын нæ бон нæу буары цæргæйæ. Иоанн та раргом кодта æппæты сæйрагдæр хабар йæ Евангелийы: „Уыдзыстæм Йæ хуызæн, уымæн æмæ Йæ фендзы- стæм, куыду, афтæмæй" (1 Ин. 3:2). Ныр махæн нæ бон базонын нæу, нæ удтæ сеппæт æнусон царды мидæг куыд бацæудзысты, сеппæты фаг куыд суыдзын нæ дуне, уый. Нæ бон нæу бамбарын, Чырысти куыд у, афтæмæй Йæ куы фенæм, уæд цас циндзинад бавзардзыстæм, уый. Æрмæ- 295
стдæр Хуыцаумæ кувыны фæрцы, иу чысыл уæддæр æмбарæм ирвæзт тæригъæдджыны цин æнусы. Чырысти загъта: „Æз кæм Уон, уым уыдзæн Мæ лæггадгæнæг дæр". Библи амоны: „Фыр- тыл чи æууæнды, уымæн ис Æнусон Цард" (Ин. 3:36). Ахъуыды кæн ацы дзырдыл. МÆНМÆ ГÆСГÆ, АМ ЦЫДÆРТÆ „КÆРÆДЗИУЫЛ ЫÆ БАДЫНЦ" „...Библийæ зонæм, Хуыцау рафæлдыста нæлгоймаг æмæ сыл- гоймаджы, Адам æмæ Евæйы. Уæд кæцæй фæзындысты алыхуызон расæтæ алыхуызон миниуджытимæ? Ацы хъуыддаджы цыдæртæ кæрæдзиуыл нæ бадынц. Фæлæ цытæ?... Уыцы фарстæн дзуапп мах ссардзыстæм Хуыцауы æндæр чиныджы, æрдз кæй хонынц, уым. Фарстæн бæлвырд дзуапп дæтты генетикæ, - ома, фыдæлтæй рахæсгæ миниуджытæ æмæ организмы ивддзинæдтæ иртасæг наукæ. Æрдзы мидæг ма ис ахæм фæзынд - мутаци, ома, æнæнхъæлæджы фæзынгæ ивд- дзинад удæгас буарыл. Уый уæлдай арæхдæр фæзыны цæрæ- гойты дунейы, климæты уавæртæ цæхгæр куы фендæрхуызон вæййынц, уæд уый аххосæй. Зæгъæм, фæзыны æнæкъæдзил гæдытæ, æнæхъуын бæгънæгбуар родтæ, сæгътæ, мыстытæ, цы- быркъах фыстæ, æнæсыкъа стуртæ æмæ æндæр ахæм сахъат орга- низмтæ. Фæлæ мутацийы рæстæджы æнæсцухæй архайы Хуы- цауы закъон: алы цæрæгой, кæнæ зайæгхал кæцыдæр афон аивы йæ хуыз, йæ ас, йæ уæз. Фæлæ æнæивгæ баззайы йæ мыггаг, йæ сорт, уымæн æмæ Хуыцау загъта: „Уадз æмæ зæххыл гуыра удæгас цæрæгойтæ алчи йæхи мыггагæй, фысæй, зулкъæй, сас- къæй, сырдæй. Æмæ афтæ сси" (Быт. 1:24). Æмæ афтæ у абон дæр. Ног хуызы цæрæгойты мыггæгтæ равзæрын кæныныл цы бирæ фыдæбæттæ фæкодтой стыр ахуыргæндтæ - эволюцио- нисттæ, уыдонæй ницы рауад. Бæхæй хъуг нæ равзæрд, куыдзæй гæды нæ рацыд. Æмхæццæ гуырдз равзæрын кæныны тыххæй кæрæдзиуыл бафтыдтытæ кодтой алымыггаг мыг, фадæттæ дæр 296
сын фæцарæзтой равзæрыны тыххæй. Фæлæ сæ бон баци æр- мæстдæр хуыз аивын, мыггаг нæ. Кæрæдзиуыл бафтауынæй йæ бон у, æмæ рацæуа, кæнæ хъулон куыдз, бынтон æнæхъуын бæгънæг куыдз дæр, фæлæ уæддæр уыдзæн куыдз, гæды нæ фæлæ. Библи генетикæйы ахуыргæнæн чиныг нæу. Фæлæ дзы (Быт. 30:29-43) уæддæр æрцыд æнахуыр хабар. Цæвиттон Иаков йæ каис Лаваны фосæй фæхицæн кодта, сæ царм хъулон-мулон кæмæн уыд, уыцы стурты. Æмæ сæхæдæг сæхи мидæг цот кæнын байдыдтой. Хуыцау арфæ ракодта Иаковæн. Фæлæ цæмæн рауад афтæ? Дзуапп ын ссарæн ис Бытие 31:10 фыстыты. Æмæ уыцы дзуапп генетикæйы ахуырады ныхмæ нæ цæуы. Библи зæгъы: Хуыцау иу тугæй равзæрын кодта адæмы мыг- гаджы иууылдæр, зæххы цæсгомыл сæ ахæлиу кæныны тыххæй (Деян. 17:26). Алыхуызон уавæртæм бахаугæйæ, адæм сæ хуыз ивтой: сæ буары хуыз, сæ цæстыты хуыз æмæ формæ, сæ сæры- хъуыны хуыз, сæ ас æмæ æндæр ахæмтæ, уæвгæ та æппæт адæмæн дæр сæ туг у иу - дзуттæй, араббагæй, негрæй, кавка- загæй ницы сæ хъауджыдæр ис. Æмæ æппæт адæмæн, æнæ иу хъуагæй, Йесо Чырыстийы Тугæй сæ бон у фервæзын. Ууыл дзуры Библи. ФЫЦЦАГ ФÆДЗÆХСТ „...Æз дæн рагон уырнæг - „духобор" кæй хонынц, уыдонæй. Нæ фыццаг фæдзæхст махæн у - маргæ ма кæн, æмæ йæ æххæст кæ- нæм тынг карзæй. Нæ фыдæлтæ басыгътой сæ хæцæнгæрзтæ æмæ иууылдæр афтæ куы бакæниккой, уæд хæстытæ нæ уаид. Иууыл- дæр Библийы кой бæргæ кæнынц, фæлæ дзы ацы фарста тынг нымхæццæ кодтой..." Кæй зæгъын æй хъæуы, адæм иууылдæр сæ хæцæнгæрзтæ куы басудзиккой, уæд хæст бæргæ нал уаид, фæлæ æрмæстдæр, кæ- рæдзи куы уарзой, уæд. Мæ сыхагмæ ницы хæцæнгарз ис, фæлæ сæ хæдзары алы бон дæр „хæст". Æмæ „закъоны" æппæтæй 297
ахъаззагдæр фæдзæхст кæцы у", зæгъгæ, уыцы фарстæн Чы- рысти дзуаппæн нæ загъта „маргæ ма кæн", фæлæ загъта: „Ба- уарз дæ Хуыцауыхайы зæрдæбынæй, де ’ппæт уды бæрц æмæ дæ зонд цасдæриддæр ахсы, уый онг". Гъе, ацы фæдзæхст у фыццаг æмæ æппæтæй ахсджиагдæр. Дыккаг та, уый дæр ацы фæдзæх- стмæ гæсгæ, у ахæм: „Бауарз дæ хионы, дæхи цас уарзыс, уый бæрц" (Мф. 22:36-40). Уæдæ уæд фыццагдæр фæдзæхст у - БА- УАРЗ! Адæймаджы чи бауарза, уый йæм йæ къух никуы сис- дзæн, йæ знаг куы уа, уæддæр. „Маргæ ма кæн", зæгъгæ, уыцы фæдзæхстæн Ног Фæдзæхст фæпарахатдæр, фæарфдæр кодта йæ хъуыды. Цард - Хуыцауæй лæвæрд у адæмæн (Быт. 2:7). Æмæ адæймагæн Хуыцау цы лæвар ракодта, уый байсыны бар никæмæн ис. Афтæмæй адæймаджы хъæбæр зæрдæ бадомдта закъонæвæрджытæй Хуыцауы фæ- дзæхст фæфæлмæндæр кæнын. Фыдгæнды тыххæй бафхæрыны æмæ фыддзинад скуынæг кæныны тыххæй адæм æруагътой марыны æгъдау (Исх. 21:14-17,22:18-20). „Маргæ ма кæн", зæгъгæ, чи ныффæдзæхста, уыцы Хуыцау фæстæдæр заманты адæмы æрвыста хæстмæ. Хæсты фадат Хуы- цау рауагъта, куыд адæмы æфхæрæн фæрæз, коммæ кæй нал кæсынц, уый тыххæй. Чырысти ног хуызы равдыста уыцы закъон, „Маргæ ма кæн", зæгъгæ, ма йæм уыцы фæдзæхст дæр бафтаугæйæ. Зæронд фæдзæхст Чырысти сног кодта. „Æз та уын афтæ зæгъын, йе ’фсымæрмæ дзæгъæлы мæсты чи кæны, æнаххосæй йын фыдбы- лыз саразынвæнд чи кæны, уымæн хъæуы тæрхон скæнын (Мф. 5:22). Цæмæн? Уымæн æмæ маст йæ фæдыл расайдзæн искæйы мæлæт, йæ зæрдæйы мидæг ахæм адæймаг скарста искæйы ама- рын æмæ йæхи нал бауромдзæн". „Мæсты кæнгæйæ адæймагæн Хуыцауы рæстдзинад кæнын йæ бон нæу" (Иак. 1:20). Библи зæгъы: „Йе ’фсымæрæй йæ сæфт чи уыны, уый лæгмар у" (1 Ин. 3:15). Басудзæн ис хæцæнгæрзтæ, фæлæ афтæмæй уæд- дæр хи мидæг баззайæн ис лæгмарæй. Æрмæст дæр йæ тæри- гъæдтыл æрфæсмон кæнгæйæ, адæймаг сног вæййы удæй æмæ уæд йæ бон свæййы Чырыстийы фæдзæхстытæ æххæст кæнын. Мæ Беседæты сæйраг темæ дæр уымæн схуыдтон ахæм номæй: 298
„Фæфæсмон кæнут æмæ баууæндут Евангелийыл". Адæймаг афтæ куы бакæна, уæд ын уæлдай ныхæстæ нал бахъæудзæн, „Маргæ мæ кæн"-ы закъон цы амоны, уый тыххæй. Æмæ æххæст дæр кæндзæн уыцы фæдзæхст, уымæн æмæ уый фыст æрцæу- дзæн йæ зæрдæйы. Фæлæ тынг хъыгаг у, дуне ахæм адæймæгтæй æгæр мæгуыр кæй æрæййæфта абоны дуджы, уый. „КÆСАГАХСДЖЫТÆ СÆ КÆРÆДЗИЙЫ ÆХСÆН БАНЫХАС КÆНЫН ДÆР НÆ БАФÆРÆЗТОЙ..." „...Раст зæгъын хъæуы, Евангелийы бирæ ис ныхмæвæрд ха- бæрттæ. Уыцы иу хъуыддаг евангелисттæ равдисынц фæйнæ- фæйнæ хуызы. Уайтагъддæр бæрæг у, кæуыл радзурынмæ хъавæм, уый кæсагахсджытæ фыстой, кæрæдзийы дзырд дæр нæ бам- бæрстой, афтæмæй..." Æз ма фыстон ацы хабары тыххæй, фæлæ уын æй уæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн. Ныхмæвæрд хабæрттæ сты Евангелийы нæ, фæлæ адæмы сæрты мидæг. Дзырдæн æрхæссæм мæнæ ахæм фиппаинаг. Ды фæцæуыс уынджы. Дæ цæсты рæз дыууæ авто- мобилы кæрæдзи скъуырдтой, чидæртæ дзы фæмард. Ды сæ федтай, иннæтæ сæ куыд федтой, афтæ. Слестгæнæг фæдзырдта уе ’ппæтмæ дæр, хъуыддаг чи федта йæхи цæстæй, уыдонмæ æмæ сын сæ разы æрæвæрдта фыссыны гæххæт. ручкæтæ. Фыссын сын кæны, чи цы федта йæхи цæстæй, уыдæттæ. Æмæ алчидæр ныффысдзæн раст, цы федта, уый. Фæлæ сеппæтмæ куы æркæса, уæд дзы æнæмæнг разындзæн „фæйнæхуызон" исты лыстæг æвдисæйнæгтæ, уæвгæ та дзы алы фыст дæр иннæмæн цæмæй- дæр уыдзæн æфтуан, иу дзы иннæйы æххæст кæндзæн цыдæр лыстæг хъуыддагæй. Уый, слестгæнæджы æхсызгон чи хъæуы, ахæм хъуыддаг у. Евангелийы дæр раст афтæ. Чи йæ фыста, уыдон кæрæдзийы ныхмæ не ’вдисынц хъуыддæгтæ, фæлæ дзы иу иннæмæн æфтуан, афтæмæй æвдыст цæуы æххæст ныв, Еван- гели æнæхъæнæй æвдисы æххæст æцæгдзинад. 299
КУЫРЫХОН СÆРГЪЛÆУУÆГ „...Лукайы Евангелийы 16-æм сæргонды ныхас цæуы иу ахæм сæргълæууæгыл, йæ æлдары исбон хæсджынтæн чи уæрста. Уыцы сæргонды Чырысти та афтæ зæгъы:„Уæхицæн хæлæрттæ агурут æнæхидвæйллой хъæздыгадæй..." Тынг зын бамбарæн у мæнæн уый. Фæрсгæ дæр акодтон кæйдæрты, фæлæ мын алчи алыхуызон дзу~ апп радта. Ды та йæ куыд æмбарысуыцы фарстаГ Фыццаджыдæр ууыл басæттын хъæуы, зæххыл раст хъæз- дыгдзинад кæй нæй. Уырыссаг адæммæ дзæгъæл хуымæтæджы нæ фæзынд ахæм æмбисонд: „Æнæтæригъæд хидвæллойæ галуантæ нæ самайдзынæ". Уый нæ, фæлæ нæ æхсызгон чи хъæуы æмæ нæ къухы цы мæнгмуртæ ис, уыдон дæр мах не сты, фæлæ нын сæ ралæвар кодта Хуыцау. Зæххы уæлцъармæ немæ æппындæр ницы æрхастам. Библи хъæздыгдзинады, мулчы тыххæй афтæ зæгъы: „Исбон æмбырд кæныныл ма мæт кæнут; ныууадз дæ ахæм хъуыдытæ" (Пр. 23). Ууыл ахъуыды кæнгæйæ, тынг æнцон бамбарæн у, йæ хицауы исбон чи уæрста, уыцы таучел сæргълæууæджы æмби- сонд. Уый хъуыддагæй разынди æцæг куырыхон лæг æмæ йæ Чырысти фæзминагæн амыдта иннæтæн. Йæхи уды хидвæллойæ чи нæ самал кодта хъæздыгдзинад (æппæт хъæздгуытæн та сæ исбон у искæйы фæллойæ), уыдон хъуамæ сæхицæн хæлæрттæ кæной æнусон цардæн. Æцæг хæлар та уый у, йæ цард аразын Йесойы фæдзæхстмæ гæсгæ чи базондзæн, Хуыцауы чи ба- уарздзæн æмæ афтæмæй ирвæзт чи æрцæудзæн, уæ æвдисæн- дзинады фæрцы Йесо Чырыстийы тыххæй. Хъуамæ афтæ дæр рауайа, æмæ иугæйттæ нæ, фæлæ сæдæ- гæйттæ æнусон цардмæ бацæудзысты, искæйы фæллойæ чи схъæздыг, уыдоны исбоны „сæргълæууæгмæ" æмæ йын зæгъой: „Арфæ дын кæнын, мæ хæлар. Уый ды æрбарвыстай мæнмæ миссионеры æмæ мæ уый æркодта Чырыстимæ æмæ абон мæ цинæн кæрон нæй!..." Науæд хъуамæ афтæ дæр зæгъа: „Бузныг, мæ хæлар, дæ чиныгæй, йæ рауадзæггаг æхца йын ды кæй бафы- стай, уый тыххæй. Уый мын мæ цæстытæ байгом кодта царды 300
æцæгдзинадмæ, сразæнгард мæ кодта мæ тæригъæдтыл фæфæс- мон кæнынмæ". Уырны мæ ахæм хæлæрттыл ме ’цæг дунейы æз дæр кæй æмбæлдзынæн, уый. Æцæгдæр, ацы дунейы фырттæ (Чырыстийы загъдау) рауа- дысты дун-дунейы фырттæй зондджындæр. Махмæ та рауад иннæрдæм: Америкæмæ чи ацыд, Европæ æмæ Китайæ, уыдо- нæй бирæтæ исбонæй схъæздыг сты, сæ уд та мæгуыр æмæ дæвдæгмæ æрцыд. Æмæ уый фыдæй сæ алфамблай хæлæрттæ нал ис, фæлæ уыдоны бæсты бабирæ сты æдзæстуарзон худгæ- хæрæмттæ. Иу дзырдæй Хуыцауы бæсты „исбонæн кувын" бирæ адæмы æртардта зæрдæхалæн цардмæ. ЧИ У ХУЫЦАУ? „...Библийы фыссынц, Хуыцау у æрмæстдæр уд æнæ буарæй, æмæ Йын уымæ гæсгæ фенæн нæй. Уыцы Библийы ма ноджыдæр ис афтæ фыст: Хуыцауы федтой (Исх. 24:10-11), æмæ удæгасæй баззадысты. Ам уæ бон зæгъын ницыуал у. Макуыуал ныффыс, кæрæдзийы ныхмæ æвæрд хабæрттæ Библийы нæй, зæгъгæ". Æз фыстон æмæ фысдзынæн, Библийы кæй нæй кæрæдзи ныхмæ æвæрд хабæрттæ . Науæд мæ нæ уырнид Хуыцауы Ныхас. „Хуыцау у уд". Уый æцæг у (Ин. 4:24). „Удæн та буар æмæ стджытæ нæй" (Лук. 24:39). Уæдæ уæд буарæй конд цæстытæм Хуыцау нæ зыны, æнæзынгæ у. Уырнæг адæмæн ис зæрдæвæрд Йе фенын, (Мф. 5:8), фæлæ ацы буары мидæг нæ. Ахæм фарст дæм нæ фæзындаид, Библи раст куы бамбæрстаис, уæд. Хуыцау Моисейæн загъта: „МÆ ЦÆСГОМ фенæн дын нæй" (Исх. 33:20). Хуыцауы цæсгом йæ æппæт кады адæймагæн фенæн нæй, цæст ыл нæ аххæсдзæн. Адæймаджы бон нæу зæдты цыт фенын дæр (Дан. 8:16-18). Атеисттæ арæх фæзæгъынц: „Фенын нын кæнут Хуыцауы æмæ Йыл уæд баууæнддзыстæм". Уыдон не ’мбарынц, уæд се сæфт кæй уаид, уый. Хуыцауы нæ фæнды, тæригъæдджыны мæлæт æмæ сын уый тыххæй сæ фæндон не ’ххæст кæны. 301
Æрцæудзæн бон, æмæ цытджын къæлæтджыныл бæрзонд бад- гæ Хуыцауы адæм се ’ппæт дæр фендзысты. Фæлæ уый уыдзæн мæрдты райгасы фæстæ, уæд уыдзæн баууæндынæн æрæджы. Цæст цыдæриддæр уыны, уыдон иууылдæр сты рæстæгмæ. Цы нæ уынæм, уый та у æнусмæ. Уæдæ куыд хъуамæ фенæм нæ рæстæгмæйы цæстытæй æнусмæйы Хуыцауы? Дæ фарсты, хорз æмбал, æз нæ уынын ныхлæуд. Хуыцау у æнæзынгæ уд, фæлæ Йын фенæн ис дыууæ хуызы фадаты. Фыццаг - Хуыцау Сыгъ- дæг Уды фæрцы адæймагæн йæ уды цæстытæ куы бакæны, уæд. „Æз уыдтæн уды мидæг..." - ахæм ныхæстæй райдайы ап. Иоанн Æргомады чиныг. Иоанн федта Хуыцауы, Къæлæтджыныл бад- гæ. „...Федтон. Уыди Хуыцауы хуызæн..." - фыссы Иоанн. „Йæ цæсгомæй згъордтой арв æмæ зæхх". Уæдæ уæд Хуыцауы цæсгом Иоанн нæ федта (Æрг. 20:11). Афтæ зæгъæн ис Стефанæй дæр (Деян. 7:55-56). Уый уыдта Хуыцауы кад æмæ Йесойы, фæлæ Хуыцауы ЦÆСГОМ нæ. Афтæ зæгъæн ис пахуымпар Исайяйæ дæр. „Федтон Хуыцауы, Къæлæтджыныл бадгæ", фæлæ Йæ ЦÆСГОМ НÆ. Йæ цыт Ын федтой „Йæхи æнгæсы..." фын уынæгау. Уыцы фендтытæн æрдзон уаг нæй, зæххон фынтæ не сты. Дыккаг фадат та ахæм у. Хуыцауы фенæн ис æрдзы стыр фæзындтыты. Хуыцау Иовмæ фæзынди уад-тымыгъы хуызы (Иов. 38:1). Æмæ Иов уымæн загъта: „Ныр Дæ мæ цæстытæ уы- нынц". Пахуымпар Илимæ та Хуыцау фæзынди сабыр дымгæйы хуызы. Моисеймæ - судзгæ къудзийы арты хуызы. Израилæгтæ та Йæ се ’ппæт дæр уыдтой: боныгон-мигъы цæджындзы, æхсæвыгон та - цъæх пиллон арты цæджындзы хуызы. Авраам, Иаков, Гедеон æмæ иннæтæм Хуыцау фæзынди адæймаджы хуызы, фæлæ Хуыцау никæмæ равдыста Йæ цæсгом. Хуыцауы уынæн ис Йæ рафæлдыстытæм æркæсгæйæ. Адæм Хуыцауы цæмæй уыной, уый тыххæй фæзынди Йесо Чырыстийы хуызы буарæй (1 Тим. 5:16). Фыст ис: „Хуыцауы никуыма ничи федта Йæ буары цæстытæй; Йæ иунæггуырд Фырт фæзынд æмæ нын раргом кодта Фыд Хуыцауы (Ин. 1:1, 14, 18). Ап. Павел æнæды- зæрдыгæй загъта: „Чырыстийы мидæг цæры Хуыцау æнæхъæ- нæй дæр буары хуызы" (Кол. 2:9). 302
Баууæнд, мæ хур, ацы хабарыл æмæ мауал агур гуырысхойаг хабæрттæ Библийы. Уый дзæгъæ фыдæбон у. Хуыцау у зондæй архайæг Уд. Уый рафæлдыста дун-дуне æмæ йын разамынд дæр дæтты Йæхæдæг. Мах æй куыд æмбарæм, афтæмæй Хуыцауы зæронд лæджы хуызы даргъ сæрыхъуынтæ æмæ сæнтурс боцъоджынæй ныв кæнынц муртат- ты дингæнджытæ. Æмæ ма уæдæ уымæй гуымирыдæр æмæ фыдхъуындæр цы æрхъуыды кæной муртатт Хуыцауы сныв кæнынæн, Йæ цæсгом Ын никуы ничи федта йæ фыны дæр, афтæмæй. НОДЖЫДÆР МА ИУ ФАРСТ „...Цы амонынц, Чырысти Сусæг Изæры æмбырды кæй загъта, уыцы ныхæстæ: „Ай у Мæ Буар" æмæ „Ай у Мæ Туг"? Нæ мæ уырны, Чырыстийы ахуыргæнинæгтæ Сусæг Изæры æмбырды хойраджы бæсты буар хордтой, сæны бæсты та туг нызтой, уый. Ахуыргæнинæгтæ уыдысты дзуттæгтæ, æмæ уыдон ницæйы тыххæй банызтаиккоц туг. Уыдон дæр æппæт иннæ иудæты хуызæн тынг хорз зыдтой ахæм фæдзæхст: „Тынг карзæй дæ цæст дар, цæмæй тугæй ма фæхъæстæ уай, ма дзы саход, акал æй зæхмæ" (Дык. дин. 1:23). Уыцы фæдзæхст сæ зæрдыл дардтой æмæ йæ æххæст кодтой чырыстæттæ дæр Чырыстийы ахуыргæнинæгты амындмæ гæсгæ (Д.А. 15:28-29). Уæдæ уæд цæмæн амыдта Чырысти сæнмæ, цæмæн загъта: „Ай у Мæ Туг"? Мах исты хуызистмæ куы фæкæсæм, уæд фæ- зæгъæм: „Мæнæ уый - мæ фыд у", уæвгæ та æмбаргæ фæкæнæм, уый йæ фыд нæу, фæлæ у йæ фыды цæсгомы хуызист, раджы чи амард, ахæм. Чырысти дзулы кой кæм скодта: „хæрут, ай у Мæ Буар", уый та Йæ ахуыргæнинæгтæ хъуамæ бамбæрстаиккой æмæ æмбаргæ дæр кодтой, уый кæй у Йесойæн Йæ буары сурæт, Йæ туджы сурæт. 303
КУЫД ÆМБАРЫН ХЪÆУЫ? „...Ныр Евангели кæсын æдзухдæр. Æмæ дзы сæмбæлын æнæм- баргæ бынæттыл. Зæгъæм, куыд æмбарын хъæуы Чырыстийы ахæм ныхæстæ: „Йæхи уды уарзæг фесафдзæн йæ уды". Уæдæ куыд хъуамæ ма уарзтæуа хи уды?..." Библийы иуæй-иу рæтты дзырд „уд" æвдисы, куыд „цард". Чырысти ам зæгъынмæ хъавыд афтæ, ома, йæ цард чи уарзы, йæхи „Æз" фыццаг бынаты чи æвæры, уый бабын кæндзæн йæ уды, нæй йын æнусон цард. Æрмæстдæр йæ зæрдæйы дзæбæхæн чи цæры, Чырыстийы бæрны йæхи чи не ’фтауы, уый фесафдзæн йæхи уды. Нæ фæндон, нæ цард у мæнæуы нæмыджы æнгæс. Нæмыг билцъ куынæ рауадза æмæ куынæ амæла, уæд баззайдзæн иунæгæй, куы амæла, уæд та дзы равзæрдзæн бирæ нæмгуытæ (Ин. 12:24). Чырыстон лæджы цард мыдадзын цырагъæй уæлдай нæу: басудзы, талынджы йæ алыварс адæмæн рухс даргæйæ. Æмæ гъе уыцы сыгъды ис йе ’цæг амонд, йæ ахадындзинад. Ап. Павел амыдта, æцæг чырыстон лæг хъуамæ йæхи Чырыстийы хуызæн „байтындзынмæ" дæр радта, ома, амæла йæхи уды тæригъæдты тыххæй. Фæлæ хъыгагæн ахæм чырыстæттæ бирæ нæй, йæхи нæ- хъæнæй дæр Чырыстийы æвджид чи бакодта. Чырысти сиды алкæмæ дæр, цæмæй адæм уой коммæгæс, æууæндой Йесойыл. „ДÆ ДЗАБЫРТÆ ФЕППАР..." „...„Исходы" чиныджы ныхас цæуы, æдзæрæг быдыры Моисейимæ Хуыцау судзгæ къудзийæ куыд дзырдта, ууыл. Хуыцау Моисейæн загъ- та: „дæ къахæй дæ дзабыртæ ралас, сыгъдæг зæххыл кæй æрлæу- уыдтæ, уый тыххæй". Æз куы бакастæн уыцы хабар, уæд ахъуыды кодтон: Моисейы къахыдарæс цымæ цæулнæ бæззыд сыгъдæг зæххыл æрлæууынæн? Дæу дзы фæрсын; æнхъæлмæ дæм кæсын дзуаппмæ". Дæ фарстæн Библи комкоммæ дзуапп нæ дæтты. Фæлæ æз афтæ æнхъæл дæн, Моисейы къахыдарæс, æвæццæгæн, чъизи 304
уыдысты. Чи зоны, скъуыдтæ дæр уыдаиккой, бирæ кæй фæдар- дта, ахæмтæ. Чи сын цы зоны, кæд египетаг басмахъытæ уыды- сты, уæддæр, Египетæй куы ралыгъд, уæд йæ къæхтыл кæй раха- ста, ахæмтæ. Райдианты сыл, чи зоны, ауæрдгæ дæр кодтаид, фæлæ сыл 40 азы куы рацыд, уæд сæ скодта йæ къахыл. Египет та æнæгъдау бæстæйыл нымад кæй цыд, уымæ гæсгæ Хуыцауы нæ фæндыд, Моисей Египеты хъæстæ уа, уый. Чи зоны, æмæ уый тыххæй дæр раласын кодта Моисейæн йæ къахы дарæс. Уыцы хъуыддаг махæн уыйас ахсджиагæй ницы у, махæн ахсджиаг у æндæр хъуыддаг: уырнæг адæм хъуамæ сæ цæст да- рой сæ къæхтæм, сæ къæхты дарæсмæ, Хуыцаумæ кувынмæ куы рарæвдз вæййынц, уæд. Комкоммæ дзабырты кой нæ кæнын, фæлæ æмткæй райсгæйæ. Уырнæгæн йæ бон у, æмæ счъизи кæна йæ къæхтæ, йæ уырнындзинад ацы тæригъæдджын дунейы ’хсæн. Науæд цас аив у, дæ „къахы скъуыдтæй хæфсытæ уасгæ" Хуыцаумæ кувын! Аппар дæ бызгъуыртæ, ома, дæ аххостæ æмæ бæгъæввадæй, сыгъдæг къахæй æрлæу Хуыцауы раз. Чырыстон лæгæн уый рохгæнинаг нæу. РАХИЗ ÆХСÆРФАРСЫ ТЫХХÆЙ „...Бамбарын ма мын кæн, дæ хорзæхæй: сауджынты хистæр Анна, алчер кæй хонынц, уый Чырыстийы хынцфарст куы кодта, уæд аргъуаны кусджытæй иу йæ къух дард фæхаста æмæ дзы Йе- сойы æхсæрфарс ныдздзæхст ласта. Уæд æм Чырысти цæулнæ ба- дардта йе ’ннæ æхсæрфарс дæр?Адæмæн йæхæдæг куы амыдта: „дæ рахиз æхсæрфарс дын куы ныццавдæуа, уæд æм дæ галиу дæр бадар". Æцæгдзинад бамбарын кæныны тыххæй Чырысти пайда кодта алы мадзæлттæй дæр, арæхдæр та - рагон æмбисæндтæй. Фæлæ сæ комкоммæ æмбарын нæ хъæуы, дзырдæй дзырдмæ. Зæгъæм, ис ахæм æмбисонд: „Кæд дæ дæ цæст рæдийын кæны - феппар æй йæ бынатæй". Æмæ чи акъахдзæн йæ цæст?! Фæлæ ахæм æмбисонд баззад дзырдæн. Ды кæй кой скодтай, уым та уынæм Чырыстийы уæздандзинад, фæлмæн зæрдæйы уаг. Лæг- 305
гадгæнæджы цæфмæ Чырысти нал бадардта йе ’ннæ æхсæрфарс, фæлæ йын дзыхæй загъта: „Кæд исты æвзæрæй загътон, уæд æй фенын кæн; кæд хорз у, уæд та Мæ цæмæн цæвыс?" (Ин. 18:19-23). Цыбыр æмæ цыргъ дзуапп. Фæлæ, æвæдза, ахæм зондджын дзуаппы бæсты Чырысти йе ’ннæ æхсæрфарс куы бадардтаид лæггадгæнæгмæ, уæд дзы цæвæг ницы бамбæрстаид. КУЫД БАМБАРЫН ХЪÆУЫ? „...Лукайы Евангелийы (11:4)Хуыцаумæ скувыны тыххæй афтæ фыст ис: „Ныббар нын нæ тæригъæдтæ", Маркы Евангелийы та „нæ хæстæ". Уыдон куыд баиу чындæуа?... Фарисей Симоны хæдзары Чырысти дыууæ хæсджыны тых- хæй ахæм æмбисонд æрæмысыд: „Иу адæймагæн уыд дыууæ хæсджыны иу - 500 динары, иннæ - 50. Фæлæ сæ хæстæ бафи- дынхъом куынæ разындысты, уæд сæ дыууæйæн дæр ныххатыр кодта (Лук. 7 гл). Ацы рагон æмбисонд, ууыл дзурæг у, æмæ Хуы- цауы раз алчи дæр дары йæхи хæс. Уыцы хæс у, хатыргонд чи нæма æрцыд, ахæм тæригъæд. Хуыцау хатыр кæны цавæрфæнды хæс дæр, цавæрфæнды тæригъæд дæр, тæригъæдджын зæрдæбынæй куы кура Хуыцауæй хатыр Чырыстийы номæй, уæд. Матфей дæр æмæ Лука дæр нæ фæрæдыдысты, Чырысти Йæ ахуыргæнинæгтæн кæй амыдта, уыцы куывды ныхæстæ сæ евангелиты кæй ныффыстой, уымæй. ЧИ РАФÆЛДЫСТА ХУЫЦАУЫ? „...Цыдæриддæр дæ бафæрс, дæ дзуапп кæддæриддæр цæттæ: уый Хуыцау рафæлдыста. Фарн дæм бадзурæд, фæлæ уæд Хуыцауæн Йæхи та чи рафæлдыста?..." Цæвиттон, алы фæстиуæгæн дæр ис æфсон, цæй аххосæй, цæй руаджы фæзынд уый. Æмæ иннæты æхсæн Хуыцау у фыц- 306
цаг æфсон. Хуыцауы исчи куы рафæлдыстаид, уæд Хуыцау нæ уыдаид, мæнæ кæмæ кувæм, уыцы Хуыцау, фæлæ Йæ чи рафæлдыста, уый. Хуыцау у æппæты сæрæвæрæн æмæ йын нæй нæдæр райдиан, нæдæр кæрон, цæмæй равзæрд, ахæм æфсон æппындæр нæй. Æрмæстдæр зонæм, Йæхæдæг скодта сæрæвæ- рæн æппæт рухс дунейæн дæр (Кол. 1:16-17). КÆМ ФЫСТ У? „...„Кæм сты фарастæй?" зæгъгæ, уыцы Беседæйы ды æппæт чырыстæтты дæр абарстай, Чырысти кæй сдзæбæх кодта, уыцы хъотырджынты, дзæбæхдзинад бæсты кæмæн нæ цæуы, уыдо- нимæ. Загътай, уыдон иууылдæр кæй уыдысты уырнджытæ. Кæцæй райстай уый?Кæм фыст исуыдоны тыххæй?(< Æрмæстдæр уырнæг адæймаг хъæр кодтаид уыцы хъо- тырджынты хуызæн: „Йесо, нæ Зондамонæг, батæригъæд нын кæн!" Хъотырджынтæ Чырыстийыл кæй æууæндыдысты, куыд Хуыцауы минæвæрттыл, уый бæрæг у Библийы дæр. Стæй Чырысти кæй сдзæбæх кодта æвзæр низтæй, уыдон сеппæт афтæ æнæуæздан нæ уыдысты, дзæбæхдзинад бæсты кæмæн нæ цæуы. ДÆСÆЙ ИУНÆГ уæддæр æрбаздæхт æмæ арфæ ракодта нæ Ирвæзынгæнæгæн. Æмæ кæд абон чырыстæтты æхсæн афтæ алы дæсæй дæр иунæг йедтæмæ дзæбæхдзинад бæсты иннæ фара- стæн нæ цæуы, уæд цымæ æз дæр исты аххосджын дæн? КУЫД ÆМБАРЫН ХЪÆУЫ? „...Дæ Беседæты цалдæр хатты дæр дзырдтай, Хуыцау æнæ- буар уд у, зæгъгæ. Уый ныхмæ ницы зæгъинаг дæн æз. Фæлæ ма мын бамбарын кæн, дæ хорзæхæй, мæнæ ахæм ныхæстæ: „Хуыцау нæ йæ къухæй кодта... Хуыцау нæм Йæ хъус æрдардта... Хуыцау Йæ цæстæй фæлгæсы æгас зæххыл..." æмæ æндæр ахæмтæ? Куыд æм- баргæ стыуыдон?" 307
Кæй фæрсыс, мæ хæлар, уыцы ныхæстæ мæнæй рацæугæ не сты. Бирæ рæтты сыл сæмбæлæм Библийы. Сæ ахадындзинад та ахæм у: Хуыцау Уд у, архайгæ та кæны, адæймагау, йæ алы къабазæй дæр, цыма Йын къухæй, къахæй, цæстæй, хъусæй алцыдæр ис. Дызæрдыггаг нæу, Хуыцау уынгæ дæр кæны æмæ хъусгæ дæр. Æппæт миниуджытæй дæр у æххæст, удгоймаг куыд вæййы, афтæ. КÆЦÆЙ ЦÆУЫНЦ ФÆРÆЗТÆ? „...Евангели зæгьы, Иосиф æмæ Мария сæ ноггуырд Йесоимæ фæлыгъдысты Иродæй Египетмæ. Æмæ цымæ кæцæй цы райстой, цы сæм уыд Египетмæ ахæццæ уæвыны фаг? Хуымæтæджы мæгуыр дзуттæгтæ йедтæмæ куы ницы уыдысты. Сæ фæндаг та кæцæй кæдæм!... Стæй ма сæ Египеты дæр цæмæйдæр цæрын хъуыд... Кæд дæ бону, уæдма фæзивæг кæн дзуапп радтынмæ..." Мария æмæ Иосифмæ æцæгдæр ницы фæрæзтæ уыд уый хуызæн дард балцæн, нæ Уæларвон Фыд сæм рагацау хурскæ- сæйнаг зонды лæгты куынæ арвыстаид зынаргъ лæвæрттимæ, уæд. Сæ лæвæртты уыди сызгъæрин, аргъуаны буд æмæ смирнæ. Мария Йесойы къæхтыл кæй æркалдта, айдагъ уый йæхæдæг уыди мин доллæрæй фылдæры аргъ. Будæн дæр уыди сызгъæ- рины бæрц аргъ. Уыдæттæ фаг уыдысты Иосиф æмæ Марияйæн Египеты онг ахæццæ уæвынæн. Сæйрагдæр уый у, æмæ Хуыцау се ’мдзу кодта. Уæдæ гæрзарм Иосиф дæр хъæдæрмæджы куыс- тæй йæ бинонты хæссынхъом уыд. ЗНОН-АБОННÆУ „...Библийы бирæ хабæрттæ фыссынц сæдæгай мин дзуттæгтæ сæ бинонтимæ æд хъомвос 40 азы куыд фæрахау-бахау кодтой Синай- Аравийы æдзæрæг быдырты, уый тыххæй. Дæ къухмæ райс энциклопеди æмæ дзы бакæс уыцы æдзæрæг быдырты климæты 308
тыххæй, æмæ уайтагъддæр бамбардзынæ, Моисей цыдæртæ ным- хæццæ кодта. Æз Библийы ныхмæ ницы зæгъын, фæлæ дзы алцы раст фыст нæу. Æнæдон судзгæ хус быдырты кæй бон у 40 азы фæцæрын, уæлдайдæр та сæдæгай мин адæймæгтæ. Дæумæ та куыд кæсы уыцы æнахуыр хабар?" Знон æмæ абон - иу не сты, уæлдайдæр абон æмæ цыппар мин азы размæ! Библи кæсгæйæ, æвæццæгæн, æнæбафиппайгæ нæ фæцадаис, Моисей цал æмæ цал хатты ской кæны цыдæр суадæтты, дон- марæнты, дæлвæзты тыххæй. Уæды заманты Аравийы æдзæрæг быдыр уыди хуымæтæджы тыгъд бæстæ æмæ дзы царди алы- хуызон адæмы мыггæгтæ. Ныры дуджы археологи æвдисы, Аравийы æдзæрæг быдыры чи царди, уыцы адæм сæудæджеры куыст кодтой Египетимæ. Æмæ ууыл цы дзурæм, абон нæхæдæг кæм цæрæм, уыцы бæстæ дæр мин азы размæ бынтон æндæрхуызон уыд климæтæй дæр æмæ æнæуи алцæмæй дæр. ИУ ЧЫСЫЛ АРИФМЕТИКÆМÆ ДÆР ÆРКÆСÆМ „...Бамбарын ма мын кæн, дæ хорзæхæй, „сауджынты арифме- тикæ" куыд æмбаргæу: 1 бафтау 1, стæй ма ноджыдæр 1 æмæ дзы рауайдзæн иу. Ома, Фыд-Хуыцау, Фырт-Хуыцау, Сыгъдæг Уд-Хуы- цау, сеппæт иумæ та-иунæг Хуыцау. Уый куыд æмбаргæу?" Мæнмæ гæсгæ та аив нæу Хуыцауы арифметикæйы нымæц- тæй нымайын. Фæлæ кæд арифметикæйы тыхджын дæ, кæд дæ афтæ тынг фæнды арифметикæйы нымæцтæй Хуыцауы баны- майын кæнæ абарын, уæд нымæцтæ кæрæдзиуыл ма æфтау, фæлæ райс хаттгæнынады таблицæтæ. Ныр та мæ рад у дæу бафæрсын: цас хъуамæ уа иу æртæ хатты куы райсай, уæд? Арифметикæйы закъонмæ гæсгæ афтæ хъуамæ уа: 1x1x1 = 1. Галиу хайæ рахиз хайæ исты уæлдай иртасыс? 309
Хуыцауы æртæ цæсгомы хъуыддаг дæр афтæ у. Æртæ æмхуы- зон хайы æртæ не сты, фæлæ иунæг Хуыцау уыцы иу Хуыцау у, Йæхи æртæ хуызы æвдисгæйæ: Фыд-Хуыцау, Фырт-Хуыцау, Сыгъдæг Уд Хуыцау, иу зæнгыл æртæ къалиуы, фæлæ бæлас иу бæлас у. Мæнæн æгъгъæд у, Чырысти Йæхи тыххæй цы загъта, уый: „Æз æмæ Мæ Фыд - ИУ стæм". АДÆМЫ СФЫСТЫ ТЫХХÆЙ „...Библи кæсын байдыдтон дæу фæндмæ гæсгæ. Æмæ дзы мæнг хабæрттыл дæр амбæлдтæн. Лукайы фыст Евангелийы дыккаг сæргонды 1-æм стихы бакастæн, цыма Чырыстийы райгуырды рæстæг цыди адæмы сфыст дун-дунейы. Уый мæ нæ уырны. Æз истори хорз зонын. Дун-дунейы адæмы сфыстæн уæды заманты уæвæн нæ уыд: материкты æхсæн ницыма бастдзинад уыд, стæй сын зонгæ дæр ничима ницы кодта. Афтæмæй уæд хъуамæ куыд æгъдауæй уыдаид дунейы дзыллæты сфыстГ ’ Тынг æхсызгон мын у, æгайтма истори хорз зоныс. Фæлæ, æвæццæгæн нæ зоныс, Римы Импери Чырыстийы заманты йæ алфамблай æппæт зæххытæн хицауиуæг кæй кодта æмæ уыцы заман йæхæдæг æгас дун-дунейыл нымад кæй цыд, уый. Æмæ фыст дæр афтæ у: „Указ рацыд Кесæрь Августæй дун-дунейы æппæт дзыллæты сфысты тыххæй", ома, Римы æппæт Импе- рийы сфысты тыххæй. Уыцы сфыст та у историон факт. Дæуæнта уый зæгъинаг дæн, кæд Евангели дæ уды аирвæзын кæныны тыххæй нæ, фæлæ дзы рæдыдтытæ ссарыны тыххæй кæсыс, уæд дæ фыдæбон дзæгъæл у. АЛЦЫ ЗОНЫН ДÆР ХОРЗ У „...Бахатыр кæн, фæлæ мæ зæрды ахæм хъуыды æрæфтыд: цымæ зæдтæ кæцы мыггагæй сты - нæлгоймаджы æви сылгой- маджы? Сæ ныв сын кæм фенын, уым иуыл сылгоймаджы цæсгомы 310
хуызы сты, нæлгоймаджы хуызы æвдыст зæдыл никуыма сæм- бæлдтæн..." Уый базонæн ис Хуыцауы Ныхасы фæрцы. Ап. Павел дзуттæгтæм кæй арвыста, уыцы писмойы (1:7, 14) афтæ фыст ис: „Зæдтæ сты Хуыцауæн лæггадгæнæг минæвæрттæ æмæ æрвыст цæуынц, фервæзинаг чи у, уыдонмæ. Æмæ кæд удтæ йедтæмæ ницы сты, уæд сæ куыд хъуамæ фендæуа æнæ буарæй. Уæвгæ та Библийы куыд æвдыст цæуынц, афтæмæй зæдтæ никуы никæмæ фæзындысты сылгоймаджы хуызы. Сæ нæмттæ дæр сын куы ранымайæм, Библийы куыд сты, афтæ, уæд дзы иу дæр сылгоймаджы номæй нæ хуыйны, фæлæ: зæд Гавриил (Лук.1:26), зæдты хистæр Михаил (Иудæ 1:9) æмæ æндæртæ/ Библийы дзырдмæ гæсгæ, зæдтæ фæзындысты Аврааммæ, Лотмæ, Йесо Навинмæ, Чырыстийы ингæны цур чи балæууыд, уыцы сылгоймæгтæм, стæй Йесойæн Йæхи ахуыргæнинæгтæм, фæлæ кæмдæриддæр - нæлгоймаджы хуызы. ХУЫЦАУ ÆППÆТЗОНÆГ У „...Библи дзуры, Хуыцау, дам, фарста: „Адам, кæм дæ?" Уæдæ уæд Хуыцау нæ зыдта, Адам кæм уыд, уый? Уæвгæ та Библи зæгьы, Хуыцау кæмдæриддæр ис нæ фарсмæ, у æппæтзонаг, æппæтхъу- саг..." Хуыцау Адамæн йæхи „Кæм дæ?" зæгъгæ, уый тыххæй, мий- йаг, нæ фарста, æмæ йæ нæ зыдта. Фарста йæ, цæмæй Адам бам- бара, Хуыцау йемæ фембæлынмæ кæм хъавыд, уыцы ран нæ разынд, уый. Уæвгæ та чи зоны, æмæ уымæй размæ фембæлдаид йемæ, стæй иу æмæ дыууæ хатты дæр нæ. Адам куы фæрæдыд, уæд бамбæхст Хуыцауæй, Хуыцауы та фæндыд, цæмæй Адам басæтта, тæригъæд кæй ракодта, ууыл. Уымæ гæсгæ Хуыцауæй æмбæхсын - ницы пайда у. 311
МАСТ МЫН КУЫННÆ УА? „...Зæронд фæдзæхсты фыст ис, Иерихонæй Вефильмæ фæн- дагылХуыцауы пахуымпар Елисей куыдралгъыста 42 æвзонглæппу- йы, милдзыхтæ кæй фæхонынц, ахæмты. Уыдон рацæйцыдысты йæразмæ æмæ сæ дыууæ арсы бакъабæзтæ кодтой. Афтæмæй ма сæ хæрзæлгъыст куыд ракодта Хуыцауы пахуымпар, йæ зæрдæ куыд бакуымдта ахæм рæзгæты ралгъитын? Хуыцауы пахуымпарæн ахæм æнæхатыр æмбæлди? Ууыл чи не смæсты уыдзæн?" Мæнæн маст у бынтон æндæр хъуыддаг. Уæлдай хъыг мын уый у, æмæ уыцы æвзонг 42 лæппуйы Елисейы размæ хуымæ- тæджы нæ рацыдысты, фæлæ йæм мæстæймарæн ныхæстæ æппæрстой æмæ йыл худæгæй сæхи схастой, Хуыцауы пахуым- парыл. Бакæс ма уый тыххæй уыцы ран. Æвæццæгæн, æмæ лæппутæ уыдысты мæнæ абоны схъæл- фындз къулбадджыты хуызæн, æнæбазыртæй мæргътимæ тæх- джытæ, Хуыцауæй нæ тарстысты, адæмæй не ’фсæрмы кодтой. Æндæра дзы æрæджы иу ахæм къорды раздзæуæг хæрдты кæсгæ нæ загътаид: мах Чырыстийæ номдзыддæр стæм!.. Зæгъ ма, дæ хорзæхæй, ууыл ды не смæсты уыдзынæ? Æмæ мæ афтæ куы бафæрсис, уæдæ ахæм къулбадджыты Хуыцау цæуылнæ сафы, зæгъгæ, уæд дын зæгъин: Библи чи ахуыр кæны, уыдоны бамбарын хъæуы Зæронд Фæдзæхсты заманы уаг. Уæд Хуыцау æгъатырæй æфхæрдта фыдгæнджыты, закъон тызмæгæй тæрхон кодта, Чырыстийы Ног фæдзæхст нæма уыди. Адæмы æхсæн фыддзинады бындзар сыскъуыйыны тыххæй, Хуыцаумæ æвгъау нæ касти закъонхалджыты цард æмæ нæ ауæрста сæ фесафыныл. Кæд мах цы хабары кой ракодтам, уым фыдгæнджытæ ныр- ма рæзгæ сабитæ уыдысты, уæддæр сæ карæн амыдта бæрн- дзинад æмбарын, æгъдау æмæ уаг иртасын. Чи зоны, сæ ныййарджытæ фæкодтой Хуыцауы пахуымпар Елисейы фыдкой æмæ уый æрцыди сабиты хъусыл. Уый адыл æргомæй сыстадысты йæ ныхмæ æмæ дзы хынджылæг сарæзтой. 312
Хуыцау сабиты кæй бафхæрдта, уымæй æфхæрд æрцыдысты сæ ныййарджытæ дæр. КУЫД ÆМБАРЫН ХЪÆУЫ? „...Матфейы евангелийы афтæ фыст ис: „Уæларвон дунейы ус нæ курынц, мой нæ кæнынц..." Уæдæ уæд бинонты цардæй цæрæн нæй уæлæрвты, нæ? Тынг зын бамбарæн у мæнæн, куыд ис амонд- джынуæвæн æнæ бинойнаг, æнæ сывæллæттæй?" Раст уын куы зæгъон, уæд æз дæр бирæ цыдæртæ не ’мбарын, дæу хуызæн, уæлæрвты нæ царды уаг цавæр уыдзæн, ног зæххыл цы хуызæн уыдзæн, уый. Ацы зæххыл, кæй зæгъын æй хъæуы, амондджын бинонтæй цæрын стыр æхсызгон, фарны хъуыддаг у. Æнусон царды тыххæй та нæ бон зæгъын у æрмæстдæр ап. Павелы ныхæстæй: „ныр нæ цардмæ кæсæм мигъгонд авгæй, йæ бæлвырдæн ын цицы иртасæм цыма, афтæ (1 Кор. 12:13). Хуыцау зæрдæ æвæры кувæг адæмæн æнусон цардæй, иуыл циндзинад чи хæсдзæн, ахæм цардæй, æмæ, æвæццæгæн, уый бирæ амондджындæр уыдзæн бинонты абоны зæххон цардæй. РАЗЫ НÆ ДÆН „...Библи кæсын куы байдыдтон, æмæ фæстаг чиныгмæ куы ахæццæ дæн-Æргомады чиныгмæ, уæдмæм афтæ фæкасти, цыма нын дыууæ Хуыцауы ис. Фыццаг у Рагон Фæдзæхсты Хуыцау, тынг æнæхатыр, æгæр хиуарзон æмæ иудадзыг дæр фыдлæг. Дыккаг Хуыцау та у Ног Фæдзæхсты Хуыцау сабырдзинады æмæ уарзон- дзинады Хуыцау, фæлмæнзæрдæ, хатыргæнаг, хæрзаудæнгæнаг, фыццагимæ абаргæйæ, адæммæ бынтон æндæр цæстæй кæсæг. Цæмæн ахæм дывæрсыг рауадаид?" Раст дын куы зæгъон, уæд демæ разы нæ дæн, Хуыцау „дывæрсыг" нæу, мæнмæ афтæ никуы касти. Æз Æй рахатыдтон 313
Иунæг Хуыцауæй Йæ зæрдæйы хаттæй дæр, Йæ архайдæй дæр, Йæ уарзондзинадæй дæр. Æз Æй уыцы иу Хуыцауæй зонын Зæронд Фæдзæхсты дæр æмæ Ног Фæдзæхсты дæр, кæд Йæ ар- хайд алы хуызы æвдыст цæуы, уæддæр. Ног Фæдзæхсты нæм Чырысти фæзынд Йæ Фыды хуызы („Мæн чи федта, уый Мæ Фыды федта"). Чырысти хæрзаудæнгæнæг æмæ уарзаг у тæригъæдджынты, фæлæ тынг карз æмæ æнæхатыр у тæригъæдмæ. Нæ зонын, фæлæ Ног Фæдзæхст кæсгæйæ, куыннæ бафип- пайдтай, зæгъæм, фарисейтæн, закъонæвæрджытæн куыд карз æфхæрæнтæ æмæ уайдзæфтæ фæкодта, Матфейы евангелийы 24-æм сæргонды, стæй та аргъуаны кæртæй сæудæджергæнджы- ты куыд фæтардта, уыдæттæ. Уæздандзинад нæ зыны Чырыстийы мæнæ ахæм ныхæсты дæр, тæрхондонæн кæй загъта, уыдоны: „Цæугæут, фыдæлгъыст адæм, æнусон артмæ!" Уыцы ныхæстæ хауынц, Чырыстийы йæ зæрдæмæ барæй, фыддæрагæн чи нæ исы, æмæ ма ноджыдæр йæ ныхмæ, стæй Йæ ахуырады ныхмæ дæр хъæддыхæй чи тох кæны, уыдонмæ. Неза- манты, Зæронд Фæдзæхсты дуджы Хуыцауæй йæхи иуварс чи ласта, уыдон ахæм дурзæрдæ адæм уыдысты æмæ æмбæрстой æрмæстдæр иунæг æвзагæй - арт æмæ кардæй. Хуыцау нæ ауæрста цæгъдыныл, Йæ пълантæ Йын æххæст кæныны фæндагыл цæлхдурау чи лæууыд, уыцы адæмты. Æв- зæрст дзуттаг адæмы та хуыдта „хъæбæрзæрдæ адæмы хаттæй" æмæ сын карз æфхæрæнтæ фæкодта, царды æцæгады ныхмæ кæй цыдысты, уый тыххæй. Стæй абон дæр уæды рæстæгæй бирæ нæ фендæрхуызон сты. Чырыстон дины ахуырад дунейыл кæй ахæ- лиу, уый фæрцы фендæр Зæххы цæсгом, аивта адæмты уаг æмæ рад. Фæлæ ныр дæр ранæй-рæтты фæзыны Хуыцауы тæрхон. Хуыцауы амынддзинæдтæ адæймаджы æвзагæй æххæстæй æмæ бæлвырдæй зæгъын лæджы къухы æдзух не ’фты. Кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр, суанг ма Зæронд Фæдзæх- сты хабæрттæ дæр мах уынæм æрмæстдæр Хуыцауы рæстдзинады. Æмæ кæд искæйы æфхæрдта æмæ ныр дæр æфхæры, уæд, æвæц- цæгæн, афтæ æмбæлы, хуымæтæджы æфхæрдæн дзы уæвæн нæй. 314
НÆ ФЕДТОН - НЕ ’УУÆНДЫН „...Хуыцау нæй, зæгъгæ, уыцы хъуыддагæн йæ тæккæ ахъаззаг æвдисæнуыйу, æмæ Хуыцауы никуыма ничи федта". Зынаргъ æмбал! Ды мæнæ мæн дæр никуыма федтай, стæй мæ, æвæццæгæн, уынгæ нæ, фæлæ дæхи хъусæй дæр никуы фехъусдзынæ, афтæмæй æз мæнæ дæн, цæрын æмæ хæрын. Рухс дунейыл тынг бирæ цыдæртæ ис, кæй никуыма ничи федта, цæстæй фенæн дæр кæмæн нæй, ахæмтæ, суанг нæм зынгæ чи нæ кæны, ахæм стъалытæ дæр ма. Уæдæ кæд чи федта эфир! Уæвгæ та ис. Уæдæ чи федта кæрæдзимæ æлвасыны хъа- рутæ, æппæт планетæтæ, мах зæхх дæр семæ, афтæмæй кæй руаджы сты кæрæдзиуыл баст? Уæвгæ та сты. Æмæ афтæ куы зæгъай, хъару мах уынæм йæ архайды руаджы, уæд Хуыцауы тыххæй дæр афтæ ис: „Уæлæрвтæ хъусын кæнынц Хуыцауы кад æмæ Йæ хъуыддæгтыл дзуры уæлдæф" (Пс. 18:2). Афтæ чи фæрсы, кæм ис Хуыцау, кæцæй Йæ райстат, зæгъгæ, æз та уыдонæн сæхи фæрсын: кæцæй равзæрдысты тыхтæ, æппæт дунейы чи змæлын кæны, уыдон? Цы у матери, буар- гъæд? Кæцæй рахаудта? Чи йын сарæзта закъонтæ? Цы сты электрон тых, рухс, хъарм? Хуыцауы тыххæй мах зонæм уый, æмæ у æнусон, æнæзынгæ, æнæссаргæ, æнæраиртасгæ. Фæлæ уæвгæ та ис æмæ уыдзæн æну- сты дæргъы, адæм Æй зоной, ма зоной, нымайой, ма нымайой, уæддæр. „ХЪÆНТЫ КОЙ МА КÆНУТ..." „...Мæ фæндæй фæлтау фыссут Хуыцауы уарзондзинады тых- хæй. Нæ хъæнты, нæ аиппыты кой та ма кæнут. Нæхæдæг сæ зонæм..." Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ дæ зæгъинаг комкоммæ зæгъ. Адæм зонынц Хуыцауы уарзондзинад дæр, фæлæ сæхи нæ 315
зонынц, сæ тæригъæдтыл нæ сæттынц æмæ сæ нæ уынынц, цыма сæ фæсмон кæнын æппындæр ницæуыл хъæуы... Æмæ дзы кæмæ байхъусай, алчи дæр дын афтæ фæкæндзæн: æз иннæтæй æвзæрдæр нæ дæн. Мæнæ ды дæр фыссыс: „Нæ хъæнтæ, нæ аип- пытæ мах зонæм". Уый æвзæр нæу, æрмæст сæ фервæзыныл, се скуынæг кæныныл кæд архайут, уæд. Æрæджы мæнæн мæхицæн дохтыр загъта, дæ ахсæны хъæдгом ис, зæгъгæ. Уый адыл мын бамбарын кодта тынг карзæй, хæрын æмæ мын нуазын цы не ’мбæлы, уыдæттæ. Æмæ мын хъыг нæ уыд, хæрын мын алцы кæй нæ уадзы, уый. Бузныг ын, æгайтма мын феххуыс кодта. Хуы- цауæй разы, абон тынг дзæбæх кусы мæ ахсæн. Махæн та неппæты дохтыр у Чырысти, Евангели. Уый нын сбæрæг кодта нæ „низы хатт: „Сеппæт дæр тæригъæд ракодтой æмæ Хуыцауы кадæй фæхаудысты. „Нæй æнæтæригъæд, раст адæймаг, нæй иунæг ахæм дæр". Æмæ нæ Ирвæзынгæнæджы хуыздæр уынаф- фæ: „фæфæсмон кæнут уæ тæригъæдтыл æмæ баууæндут Еванге- лийыл". ÆХХÆСТ ЕВАНГЕЛИ „...Дæ Беседæтæ дын кæсын, æмæ мæнмæ гæсгæ æгæр чысыл фыссыс Сыгъдæг Уды тыххæй, æрмæст уайдзæф хорз кæныс... Дæуæн дæр Евангели æнæхъæнæй амонын хъæуы". Æз зонын Евангели æххæстæй, кæсын æй кæрæй-кæронмæ, ахуыр кæнын æххæст Евангелимæ гæсгæ, цæрын æмæ иннæтæн дæр амонын æххæст Евангели. Æндæр Евангели æз нæ зонын. Мæн уырны, Сыгъдæг Уды тыххæй Хуыцауы зæрдæвæрд кæй сæххæст ис Фæндзайæм, (Кæрдæгхæссæн) бон (Иоиль 2:28), æмæ ныр чырыстон царды æнтыстдзинад у уымæй, куыд æмæ цас пайда кæнынц уырнæг адæм Сыгъдæг Удæй. Æз бирæ хæттыты загътон мæ ныхас уый тыххæй. Рохгæнинаг нæу, Сыгъдæг Уды фарн цы аргъуаны нæй - уый нымай мардыл. Ахæм аргъуантæ абон банымайæн ис мингæйт- тæ. Сыгъдæг Уды дыргъ у: уарзондзинад, циндзинад, сабырдзи- 316
над, фæразондзинад, цæстуарзондзинад, æууæнк, хиуыл хæцын фæразын, уæздандзинад, хæрзаудæндзинад. Гъе уыцы фараст алыхуызон æууæлы иу арвæрдыны алыхуыз тæлмытау æртти- вынц Чырыстийы уарзондзинады. Уыдонæй æххæст чи у, уыцы хицæн адæймаг, кæнæ æнæхъæн аргъуан, цæры Сыгъдъг Уды фарнæй. Кæуыл нæ сæмбæла, уый та нымай, не ссыгъдæг йæ тæригъæдтæй, афтæмæй та йæ куывд дæр æмæ йæ табу дæр бæстæм нæ фæхæццæ уыдзысты, йæ зæрдæйы уаг не сног уыдзæн. Æз мæхæдæг дæр дæн хъуаг уымæй, фæлæ мæхи хъа- рын, цæмæй сног уа мæ зæрдæ, мæ уд. Уый тыххæй фыссын уайдзæфтæ дæр; бирæ чырыстæттæн та хъыг сты, писмотæ дæр ма мæм æрвитынц. Æмæ уæдæ куыд æнхъæл уыдыстут? Сыгъдæг Уд уал раздæр раргом кæны нæ аип- пытæ, рауайдзæфтæ нын кæны, стæй нæ уый фæстæ Чырыс- тийыл бабæтты, æмæ гъе уæд хатыргонд æрцæуынц нæ тæри- гъæдтæ. Сыгъдæг Уд нын уый фæстæ не уæнгты ахæм хъару бауадзы, цæмæй дарддæр цæуæм Йæ фæдыл. Иу сауджын мын балæгъстæ кодта сæ аргъуаны æмбырды раныхас кæнын, æмæ мын уыцы фæдыл афæдзæхста: „Æрмæст, дæ хорзæхæй, дзур тынг хъавгæ, æнæрхъуыды, æнæууылд ныхас дæ дзыхæй ма схауæд... Нæ хъæнтæ, нæ аиппыты кой ма скæн". Цыбыр дзырдæй, мæнæ рынчындоны тыхст рынчынты пала- тæйы дуарыл куыд амынд вæййы: „табуафси, сабырдæр", афтæ иуæй-иу аргъуантæ дæр. Алцы зæгъæн дзы нæй. Æмæ уыдон кæд райхъал уыдзысты афтæмæй сæ тарф фынæйæ? Адæймагæй дæр афтæ æнхъæл чи у, ницæмæй хъуаг дæн, мæ цард, мæ уд нывыл сты, зæгъгæ, ахæмтæн æппындæр ницы хуы- зы ис феххуыс кæнæн. Иу салдат афтæ загъта: „Æнæхъæн ротъ æмхæццæ цыд кæнынц, æрмæст æз иунæгæй сеппæтимæ æмцыд, æмсанчъех..." Æрмæстдæр Сыгъдæг Удæн у Йæ бон фæндаг ссарын ахæм адæймаджы зæрдæмæ, фыдæбæттæ, фыдæвзарæн- тæ бауадзгæйæ йæ царды. 317
ФЫЦЦАДЖЫ ФЫЦЦАГДÆР „...Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ ма мын зæгъ, иуыл Уæларвон Паддзахадыя куы хъуыды кæнæм, æрмæстдæр нæ удтыл, уæд ма кусгæ та чи кæндзæн, чи араздзæн зæххон паддзахад та? Афтæмæй сеппæт динамонджытæ сыдæй амæликкой..." Ис фарстытæ, стæй чысыл дæр не сты, дзуапп дæттын мæ кæмæн нæ фæнды. Дæ фарст дæр гъе уыдонмæ хауы. Æмæ дæхæдæг ахъуыды кæн, куыст исты къуылымпыйы хос у, миййаг, Уæларвон Паддзахадыл хъуыды кæнынæн? Æз мæхæ- дæг дæр кусын, стæй чи зоны, дæуæй къаддæр нæ, фæлæ мæ уый æппындæр ницы хъыгдары мæ удыл хъуыды кæнынæн, Чырыс- тийыл æууæндынæн, Йæ дыккаг æрцыдмæ Йын æнхъæлмæ кæсынæн. Чырысти Йæхæдæг загъта: „Фыццаджы фыццагдæр уал агурут Хуыцауы Паддзахады, иннæ хъуыддæгтæ сæхæдæг сæхи амондзысты". Фæлитой дæлимон та Чырыстийы ныхæстæ зыгъуыммæ афтæ сыздæхта: „Фыццаджыдæр уал агурут, йæхæдæг йæхи чи амондзæн, уыцы хъуыддæгтæ, уый фæстæ та Хуыцауы Паддза- хад". Евангели амоны: Хуыцауы Паддзахад - фыццаджыдæр. Фыццагæн дæттын хъæуы фыццаг бынат. Фæллой у экономикон царды бындур. Хуыцау уарзы фæл- лойгæнджыты, арфæ сын кæны сæ æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй, фæлæ сын уыимæ афтæ зæгъы: „Дон æмæ Удæй чи нæ райгуыра, уымæн йæ бон нæу Хуыцауы Паддзахадмæ бацæуын" (Ин. 3:5). Удæй диссагдæр адунейыл ницы ис. Уд Хуыцауæй лæвæрд у. Уд паддзахиуæг, хицауиуæг кæны буарæн, зыгъуыммæ нæ, фæлæ, ома, „буарæн - парахат бынат, удæн - уынгæг бынат"... Афтæ нæ уайы царды. Уд нæ хæзнадон у. Алцыдæр чи фесæфта, йæ уды та чи фервæзын кодта, уымæй ницы фесæфт. Иннæрдæм та афтæ: „Алцыдæр йæ къухы кæмæн бафтыд, йæ удæн зиан скæнгæйæ, уый та æнæзонд у". (Хъæздыг лæджы тыххæй æмби- сонд афтæ зæгъы (Лк. 12:20). Иунæг ахæм уд дæр нæй, æнæ Хуы- цауы ахъаз амондджын чи у. Уымæ гæсгæ „агурут фыццаджы 318
фыццагдæр Хуыцауы Паддзахад". Уый ныр дæр у, æмæ стыр æцæгадæй баззайдзæн цæргæ-цæрæнбонты дæр. ИУДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ ,,..Æз. чырыстон дæн æмæ рагæй кæсын дæ Беседæтæ, фæлæ мын тынг хъыг у, чырыстæтты ’хсæн иудзинад кæй нæй, уый. Цæмæнуафтæ?..." Мæнæн дæр бæгуыдæр у хъыг, чырыстæттæ афтæ къаппа- къуппатæ кæй баисты, къордгай кæй ныддихтæ сты, уый. Æнæуырнæгтæм ис сæхи программæ, сæхи манифест, сæхи устав æмæ сæ тынг карзæй æххæст дæр кæнынц. Сæ лозунг та ахæм у: „Махимæ чи нæй, уый мах ныхмæ у". Алы газеты дæр бакæсæн ис: „Æппæт бæстæты пролетартæ, баиу ут!" Æмæ зæгъæн ис, иу кæнынц. Чырысти ма зæххыл цы фæстаг бонтæ уыд, уым куывта Йæ фæдонты тыххæй: „Сеппæт дæр баиу уæнт: Æз, Мæ Фыд, Дæу мидæг куыд Дæн, Ды - Мæ мидæг, афтæ уыдон дæр Махимæ сиу уæнт" (Ин: 17:21). Чырыстийы фæдзæхст, хуымæтæджы ныхæ- стæй зæгъгæйæ, зæланг кæны мæнæ афтæ: „Æппæт бæстæты чырыстæттæ, баиу ут!" Хуыцау чырыстæттæн радта Йæ Устав, йæ манифест, - Евангели. Æмæ уый ÆППÆТ УЫРНÆГ АДÆ- МÆН дæр кæны хатыр, дæтты сын æнусон цард. Æмæ Евангели куыд бирæ адæм зонынц, уый та! Афтæмæй йæ лæмбынæг никуы бакастысты. Стæй ноджы фыддæр. Евангели зонынц, цæргæ та кæнынц „Дæлимонты къниазы" фæндонæй (Еф. 2:2). Уымæ гæсгæ чырыстæтты рæнхъыты бирæтæн басаст сæ ныфс, сæ тых. Евангели уый бæрц бæлвырд амынддзинæдтæ дæтты ирвæ- зыны тыххæй, æмæ хатгай лæг дисы бафты, зыгъуыммæ хъуы- дытæ ма адæм кæцæй райсынц, зæгъгæ. Дзырдæн æрхæссæм ахæм цæвиттон. Евангели зæгъы: „Хуыцау иунæг у, иунæг у Хуыцауы æмæ адæмы æхсæн Минæвар дæр, - адæймаг Йесо Чырысти" (1 Тим. 2:5), Иунæг Минæвар, дыууæ дæр нæ, æртæ 319
дæр нæ, фæлæ иунæг. Афтæмæй ма разыны ахæмтæ, адæймаджы æмæ Хуыцауы æхсæн цалдæр Минæвары æнхъæл чи у, сæ нымæц сын нæ банымайдзынæ. Æмæ гъе уыдонæн кувынц. Ком- мунисттæ аппæрстой адæймаджы культ, дины кусджытæм та нырма ис. Уæвгæ та æрмæстдæр иунæг удгоймаг у уыцы намысы культы аккаг, Йæ ном - Йесо Чырысти. Библийы фыстытæ зыгъуыммæ æвдисыны фыццаг аххосаг у, чырыстæттæ алы къордтыл дихтæ кæй сты, уый. Дыккаг аххо- > саг, фыццагæй тæссагдæр, æвирхъаудæр аххосаг - аргъуанты кусджытæ, дины раздзæуджытæ Хуыцауæй кæй нал тæрсынц æмæ адæмы дæр ма сæ фæдыл куырмæджы кæй хонынц галиу фæндæгтыл, уый. Æмæ чырыстæтты хицæн къордтæ афтæмæй кæрæдзимæ фыдæх кæнынц. Ахæм аргъуантæй чырыстæттæ фæйнæрдæм лидзын куы райдайынц, уæд дзы чи баззайы, уыдон та ныфсытæ февæрынц: „Ма тæрс, чысыл дзуг". 0, уыди ахæм • рæстæджытæ æцæгдæр, æмæ Чырыстийы „чысыл дзуг". æгæрон домбайы дзыхы бахауынæй дæр куынæ тарсти. Чысыл дзугæн йæ фиййау цыд йæ сæргъы. Ныр та æнæ хицауæй чи схъæдтаг, уыцы тарст, фыдхъуын, фыддзæф дзугтæ архайынц кæрæдзи- имæ сыкъатæй хæцыныл. Уыдон хъусгæ дæр нæ кæнынц Зæрдæ- хæлар Фиййауы сидт. Чырыстон адæм афтæ кæрæдзи дзырд не ’мбардзысты, кæй бацамыдтам, уыцы аххосæгты тыххæй, фæлæ æнусон царды Хуыцауы фæндæй уæддæр баиу уыдзысты, æрмæст сæ сауджын- ты алфамблай нæ, фæлæ удæгас æнусон Чырыстийы алыварс. Чырыстæттæ хъуамæ Евангели æвæрой цыфæнды цæдисæй æмæ иугондæй дæр уæлдæр, „ЦЫФÆНДЫ МАДЗАЛÆЙ ДÆР ÆМХУЫЗОНÆЙ ÆМЗОНДÆЙ УÆХИ БÆДТУТ ЕВАНГЕ- ЛИЙЫ ДИНЫЛ æмæ макуы тæрсут уæ фыдгултæй", - афтæ сиды пахуымпар Павел (Филипп. 1:23; 28). Æппæт бæстæты пролетартæ никуы æрцæудзысты иугонд, цыфæнды рæвдз куы æмбырд кæной, уæддæр. Фæлæ Хуыцауы хъæбултæ, Йесо Чырысти æппæт бæстæтæй кæй фембырд кодта, уыдон иугонд сты. Æмæ чырыстæтты иудзинады тыххæй Йесо Чырыстийы куывд Йæ Уæларвон Фыдмæ ма фехъуыса, уый уæвæн нæй. Дуры сæстытæ фæйнæрдæм куы згъæлой, афтæ 320
къæртгай хауы формалон чырыстон дуне. Æцæг чырыстон чи у зæрдæйæ, уыдонæн та кæрæдзийæ фæцух уæвæн нæй, кæрæдзи- уыл сты æнувыд, æнгом баст. X ДЗУАППЫТÆ ФИППАИНÆГТÆН ЗÆРДÆЙÆ-ЗÆРДÆМÆ НЫХАС „...Сауджынтæм аргъуаны куы байхъусай, уæд дзуары лæгæй цы кæныс! Фæлæ, æвæдза, искæцы мæгуыртæн баххуыс хъæуы, уæд цы фæвæййы сæ тайгæ зæрдæ?! Мæнмæ гæсгæ удæттæ иууылдæр сты бизнес, хи уды пайдайæн куыстытæ æмæ сыл не ’ууæндын нæдæр аргъуаныл, нæдæр диныл". Хуыцау дины куыст кæмæн саккаг кодта, уыдон æнæзæр- дæхуддтæй æххæст кæнынц се хæс, адæмæн æмбарын кæнынц Чырыстийы байтыгъды æмæ Йæ райгасы хабæрттæ, сæхи кой нæ, фæлæ. Уыдон сты Хуыцауы архайæн фæрæзтæ. Фæлæ сæ тæккæ хуыздæрæй дæр афтæ зæгъæн нæй, хуыздæрхъуаг нæу, зæгъгæ. Сæ бон алцы бакæнын нæу, уæлдайдæр та материалон æххуыс. Цæмæн? Уымæн æмæ сæхицæй бирæтæ тынг мæгуыр цæрынц. Иутæ дзы мызды номыл исынц цыдæр капеччытæ, иннæтæ та бынтон лæвар кусынц. Аргъуантæй фæстæмæ ма фæллой кæнынц фабрикты, фермæты æмæ кæрдзыны къæбæр сæхицæн афтæмæйты амал кæнынц. Дины раздзæуджытæ, аргъуанты кусджытæ, раст зæгъын хъæуы, сеппæт иухуызон не сты. Материалон æххуысы тыххæй та алы ран дæр ис сæрмагонд хайадтæ. Фæкæсынхъуаг адæймæгтæн æххуыс кæнынц Еванге- лийы минæварадтæ дæр, адæмæй сæм цы мысайнæгтæ æфты, æрмæст уыдонæй. Æндæр сæм ницы фæрæзтæ ис. Æмæ ахæм минæварадтæ дæр уый бæрц арæх не сты. „Агурут уæ Хуыцаухайы, ссарæн Ын куы уа, уæд" (Исаия 55). 321
Æмæ йæ дæу тыххæй æрæмысыдтæн уыцы ныхас: Агур дæ Хуы- цаухайы, ивгъуыд хорз сауджынтæ агурыны бæсты. Уый дын мæ хуыздæр уынаффæ, мæ хæлар. ЧИЦИНКÆНЫ? „...Цæй цины кой ма чындæуа нæ царды, кæд æмæ адæймаг тæрсгæ-ризгæйæ цæры, - исты тæригъæды куы бахауон, зæгъгæ. Мæнмæ гæсгæ æнæхуыцау адæм азæххыл фылдæр цин уынынц, уырнæг адæмæй, уымæн æмæ ницы тæригъæдæй тæрсынц. Раст нæ зæгъын?..." Æппындæр нæ! Æз дæумæ афтæ уымæн бафæрæзтон, æмæ ауадтæн дæ фæндæгтыл, дæ „цырыхъыты", Ды та - мæнонты - нæ. Уыдтæн æз дæр ахæм уавæры, не ’ууæндыдтæн æмæ сын сæ „цин" дæр уымæй зонын. Фæлæ æгæр батагъд кодтай хатдзæг скæныныл, хатырдзинады цин нæма б.авзаргæйæ. Йесо Чырыс- тийыл цин нæма бамбаргæйæ. Раст у, тæригъæды бацæуынæй тæрсын хъæуы, фæлæ дзы æз уый тыххæй, миййаг нæ тæрсын, æмæ ирвæзт нал æрцæудзынæн. Æз дзы уымæн тæрсын æмæ Хуыцауы фæхæрам кæндзынæн мæхимæ æмæ нал бавзардзынæн ирвæзты цин. Иу ахæм хабар уын ракæнон. Кæддæр кæм ахуыр кодтон, уыцы институты куыста зæронд профессор-филолог П.И. Расторгуев, зæгъгæ. Студенттимæ фембæлгæйæ, алкæмæн дæр салам лæвæрдта йæ худ йæ сæрæй сисгæйæ. Алкæмæ дæр тынг уæздан, æргомздæхт; æххуысхъуаг студæнттæн-иу дыууæ-æртæ сомы дæр авæрдта сихор бахæрынæн. Йæхæдæг цыди хуымæ- тæджы дарæсты, профессор дæр æй нæ фæхуыдтаис, цæргæ дæр кодта мæгуыргомау, бонзонгæ. Алкæмæ дæр хæларзæрдæ дар- гæйæ, никæйы цæсгом хъæцыд уыцы профессормæ æдзæттæйæ экзаменмæ бацæуын, æвзæр бæрæггæнæн райсын. Уымæн æмæ алы студент дæр зыдта, йæ æвзæр бæрæггæнæнæй профессоры тынг хъыджы кæй баппардзæн, уый. Æмæ æхсæвæй бонæй бад- тыстæм нæхи хорз бацæттæ кæныныл, латинаг æмæ славяйнаг 322
æвзæгтæ найзусть базоныныл, афтæ сæ бауарзтам, уымæн æмæ уарзтам нæ зæронд ахуыргæнæджы. Æмæ уый охыл радзырдтон, Чырыстийы чи бауарза, уый йе сæфт фендзæн тæригъæдæй. Фæлæ, зæгъæм, æнæрхъуыдыйæ ракодтай исты тæригъæд, уæд дæ хуыссæг дæр нал ахсдзæн, афтæ катайы бафтдзынæ, цалынмæ Чырыстийы ном ссарай æмæ дзы хатыр ракурай, уæдмæ. Хатыры циндзинадæй уайтагъд лæгæй ферох вæййы йæ маст, йæ хъыг. Уымæй стырдæр циндзинад уæвгæ дæр нæй. Уымæн æмæ уый мидæг ис нæ ирвæзыны хъуыддаг. Цы йæ сусæг кæнон, нæ царды фæндагыл неппæт дæр хатгай нæ къах скъуырæм, фæкæлæм, бацæуæм тæригъæды. Фæлæ фæстæмæ дæ къахыл слæу, дæ рыгтæ ацæгъд, - уый сæ бон свæййы, Хуыцауы фæндыл цæуын кæй фæнды, цингæнгæ, æрмæст ахæмтæн. ЧИ СДЗÆБÆХ КÆНДЗÆН ДУНЕ? „...Мæнмæ гæсгæ ды дунемæ æрмæст иуырдыгæй фарсæй кæсыс. Дæ фыстыты дын æндæр ницы уынын. Хуыцау... Хуыцау... Хуы- цау... Иудадзыг æппæлыс Хуыцауæй, адæмыл та цъыфкалæн кæныс. Уый мæнмæ гæсгæ раст нæу. Æз дæр æй зонын бæгуы, дуне сæйы, фыднизæй сайæгау, фæлæ цæмæй? Йæ фырзыд æмæ кæрæфæй. Æз коммунист нæ дæн, æз уыдтæн чырыстон, фæлæ бамбæрстон, чырыстон дин æцæг дин нæу..." Раст зæгъыс. Æппæлын æз Хуыцауæй. Уымæн æмæ йын æм- бæлы. Фæлæ адæмыл цъыф нæ калын, уымæн æмæ æнæуи дæр саусæрст сты æмæ сыл мæ цъыф зынгæ дæр нал фæкæндзæн. Уæвгæ та коммунизм дунейы сдзæбæх кæндзæн йæ низæй, ууыл дызæрдыг нæ кæнын. Æрмæст Ленины амынд коммунизм нæ, фæлæ Чырыстийы идеалон коммунизм. Фæлæ бирæгъ кæрдæ- гæй цæрын тагъддæр райдайдзæн, адæймаг æнæ Чырыстийы уарзонæй, сабырæй цалынмæ æрцæра, уæдмæ. Ды фæрсыс, цæмæй хъæрзы дуне. Вæййы буары низтæ, хуыл- фыдзаумæтты низтæ. Мидбуары низтæ зындæр дзæбæхгæнæн 323
сты. Хатгай адæймаджы фæдзæбæх кæнынц цалдæргай азтæ, куы амæлы, уæд рабæрæг вæййы, йæхи низæй нæ, фæлæ йæ бын- тон æндæр низæй кæй дзæбæх кодтой, уый. Ахæм хабæрттæ ра- уайы дунейы царды дæр. Дуне хъæрзы тынг æвирхъау, æгъатыр низæй - йæ бирæ тæригъæдтæй, Хуыцауы фыдæх ссаргæйæ. Æмæ цынæхуызон хос бафæлвæрдтой, суанг пролетарон революцийы онг, дунейы уавæр та, уыимæ дзыллæйы цард ницы хуыздæр кæны. Æдте бакæсгæйæ, цыма æхсæнады къухы æбуалгъы прогресс бафтыд, фæлæ адæймагæн йæ уды дарддæр æхсынгæ цæуы „рак-низ". Адæймаджы хъæуы уды революци. Æмæ йæ саразыны хос ис æрмæстдæр Чырыстимæ, Хуыцауæй бузныг, Чырысти абон ара- зы революци, чи Йыл æууæнды, уыдоны удты. Дуне мæлæтдзаг рынчын у йæ бирæ тæригъæдтæй алы къах- дзæфæн, алы фæзылды дæр. Йæ низы хатт та йын Хуыцау раджы раиртæста: „Адæм æмхуызонæй бацыдысты тæригъæды æмæ ссардтой Хуыцауы фыдæх" (Рим. 3:23). Фервæзæн ис уæдæ уыцы низæй? Æнæмæнг. Æрмæстдæр Уæларвон „Дохтыры" амындзинæдтæ æххæст кæнгæйæ. Дохтыр не сдзæбæх кæндзæн рынчыны, Йæ амындзинæдтæ Йын куынæ æххæст кæнай, уæд. Рынчыны хъæуы дохтыры коммæ кæсын, уый тыххæй та йыл хъуамæ æууæндгæ кæна. Гъе уыдæтты тыххæй фыдæбон кæнын æз дæр мæ фыстыты. „Ирвæзынгæнæг нын ис" - расидти Исаия - „Уый фервæзын кæндзæн Йæ адæмы сæ тæригъæдтæй" - афтыдта Исаияйы сидт- мæ Евангели - (Мф. 1:21). Æмæ раст у уый? Милуангай адæмты фæлтæрдзинадмæ гæсгæ уый æцæгдзинадæй афтæ у. Фæлæ, зæгъæм, аргъуыд адæймаг искуы-иу хатт бацæуы аргъуанмæ æмæ „кувæг фыдæлты кадæн" алæууы иуцасдæр адæмимæ, уæвгæ та абон дæр æмæ знон дæр тæригъæдтæй нæ хицæн кæны, фæндгæ дæр æй нæ кæны уыдонæй ссæрибар уæвын, уымæн æмæ уарзы тæригъæд ракæнын. Ахæм адæймаг дзæгъæлы æнхъæл у, чырыстон дин раст нæу, ома, Чырысти æдых у, ницы Йæ бон у тæригъæдджынæн, зæгъгæ. Уый Хуыцауыл хахуыр ныхас у, цъыфкалæн. Куыд загътам, афтæ дуне сæйы фыднизтæй. Ницы „сæрдæн- 324
тæ", „компресстæ", ницы аргъуыд дон баххуыс кæндзысты йе сдзæбæх кæнынæн. Хъæуы йæ æлутоны хос. Æмæ уыцы хос амоны Чырысти алы адæймагæн дæр хицæнæй, стæй дунейæн æмхуызонæй. Фæлæ адæмæн сæ фылдæры нæ фæнды сæ тæри- гъæдтæй ссæрибар уæвын, стæй сæ нæ уырны, тæригъæды тыххæй дзуапп кæй дæтдзысты, уый дæр. Иунæг сæдæ азы дæргъы алыхуызон хæстыты фæмарди 100 милуан адæймаджы. Уый циу уæдæ, тæрхон нæу? Уæдцæр ма æцæг дзуапп фæстæдæр уыдзæн, уымæ дæр бирæ рæстæг нал баззад. Уæд сæдæ милуанæй бирæ фылдæр дзыллæтæ бабын уыдзысты сæ абоны тæри- гъæдты хыгъдмæ. Дунейы карз низыл фæтых уæвыны тыххæй та хъæуы æрмæстдæр иунæг хъуыддаг - зæрдиагæй дæ бафæндæд дæ тæригъæдтæй ссæрибар уæвын. Уый йедтæмæ иннæ хъуыддæгтæ Чырыстийы бар уадз. Фæлæ бæллæх уый у, æмæ дзы нæй уыцы зæрдиаг фæндон. Адæм æрмæстдæр хъазгæ кæнынц динæй, сæ тæригъæдты уацары бадгæйæ. Адæймаджы хъæуы Чырысти. Дунейы хъæуы Чырысти. Чырысти - царды мидæг, царды цæджындз, царды ныфс, - уый у абоны лозунг! Æмæ æппæт бæстæты пролетарты куы бафæнда, уыцы тырысайы бын баиу уæвын, уæд гъе уый уаид æнæгæды, æнæфæлывд æцæг комму- низм, уæд уый у дунейы йæ низæй фервæзыны мадзал дæр. Ахæм коммунизмыл хъæлæс кæнын æз дæр. Æмæ уый уыдзæн зæххыл, Чырысти дыккаг хатт Мин азы Хицауиуæг кæнынмæ зæхмæ куы æрхиза, уæд. Ахæм у Йæ нысан, Йæ дзæнæт. КÆМИСЗЫНДОН? „...Ды адсемы тæрсын кæныс зындонæй. Уæвгæ тауыцы зындон ис ам зæххыл, кæмдæр авд дæлдзæхы нæ, фæлæ..." Дæ писмомæ гæсгæ мæм тынг ныфсхаст адæймаг фæкастæ. Фæлæ уый æрмæстдæр рæстæгмæ. Зындон æмæ дзæнæт райда- йынц азæххыл. Уый раст у. Фæлæ зындон зæххыл нæй, фыц- цаджыдæр уымæн, æмæ зындоны нæ уыдзæн дон, махмæ та - 325
цас дæ хъæуы, уый бæрц. Дыккагæй та дын бамбарын кæндзы- нæн зындонæй фервæзыны Евангели, зындоны та уый гæнæн нæ уыдзæн. Æртыккагæй, зæххыл уæддæр цæры чырыстæттæ. Зын- доны уыдонæй иунæг адæймаг дæр нæ уыдзæн. ДЗУАРЫ ТЫХХÆЙ „...Дæ фыстытæй дын бирæ кæсын, фæлæ иунæг хатт дæр ныр- ма ницы загътай дзуары тыххæй. Афтæмæй та дзуар у Хуыцауы хъару æвдисæг ирвæзын кæныны хъуыддаджы..." Лос Анжелесы горæты иу цалдæр обауыл сагъд æрцыд дзуæрттæ Чырыстийы уæлахиздзинады кадæн. Уæлдай аивдæр зыны „Мемориал Лавны" сæрмæ сагъд дзуар, арвы риуыл бирæ стъалытау йæ алыварс цæхæр калынц электрон цырæгътæ. Уыцы мемориалы, сæрмагонд хæдзары мидæг фенæн ис полякаг нывгæнæг Иоанн Стихы конд номдзыд ныв - „Байтыгътой Йæ", зæгъгæ. Æхсæвы тары æрттивгæ дзуары рухсы тынтæй ныррухс вæййынц уый хуызæн стыр горæты алы кæрæттæ. Мæн фæнды уыцы дзуары тыххæй зæгъын; зæххы цъары алы кæрæттæм дæр æппæт сакъадахтæм æмæ сур зæххытæм чи зыны, Чырыстийы кæуыл байтыгътой, уыцы Голгофы дзуар. Æмæ кæд æцæг- дзинадæй крест æппындæр нæй Голгофы, стæй йæ никуы ничи ссардта, уæддæр йæ рухсы тынтæй фарн хæссы æппæт дунейæн, стæй алы адæймагæн дæр хицæнæй. Уыцы дзуар у Хуыцауы уар- зондзинады цытджындæр æвдисæн. Æмæ Чырыстимæ раздæхта милуангай адæмты æргом, уыдонимæ мæнæ дæхæдæг дæр. Æрдхæрæны дзуар сног кодта утæппæт дзыллæты цард, се уæнгты сын бауагъта ныфс, æнусон царды улæфт. Дзуар сси цытджын хæрзиуæджы нысан, намысы æвдисæн, æрмæст Сове- тон бæстæйы уый ивд æрцыд стъалыйæ. Æмæ кæд иу цасдæр заманты уыцы дзуарæн бынат нæ уыд ССР Цæдисы, уæд ныр афæстаг рæстæджы йæ рухс цæхæр калын байдыдта бæстæйы алы кæрæтты дæр. 326
Фæлæ бафиппайын хъæуы, дзуар йæхæдæг нæу Хуыцауы хъару, бирæтæ куыд амонынц, афтæ, фæлæ „дзуары тыххæй дзырд", ома, йæ мидисы ахадындзинад. Стæй хъуыддаг дзуарыл нæу, фæлæ Чырыстийыл, барвæндонæй Йæхи байтындзынмæ чи радта мах тæригъæдты сæраппонд, ууыл. Адæймаг йæ тæри- гъæдты ныгъуылгæ куы цæра, стæй æрмæстдæр зæххон „мæнг" дунейыл куы хъуыды кæна, уæд ын дзуар ницы ахъаз фæуыдзæн. Ахъаз ын фæуыдзæн Чырысти, фæсмонимæ йæм адæймаг куы æрцæуа, уæд. Чырыстийы дзуар æцæгдæр у Хуыцауы тых æвдисæн тæригъæдджыны аирвæзын кæныны хъуыддаджы, фæлæ æрмæстдæр Чырыстийы дзуар, адæймаджы нæ, фæлæ. КÆСУТ ЧЫРЫСТИМÆ „...Уынджы куы фæцæйцæуын æмæ бирæ аргъуантæ куы фенын, уæд фенхъæлæн ис, ам Хуыцауы адæм цæрынц. Фæлæ сæм куы æркæсай, уæд уыцы „Хуыцауы адæм" ахæм хъаугъа самайынц æмæ кæрæдзийы дзыккутæм бавналынц. Уыдæттæ уынæгæйæ дæ иу аргъуан дæр нал бандавдзæн..." Мæ бон зæгъын ницы у. Чырыстæттæ дæр нæм бирæ ис, аргъуантæ хъуаг дæр не стæм, фæлæ нæм нуазæндæттæ та - æппæтæй фылдæр! Ууыл цæуылнæ дис кæныс? Чырыстæттæ сæхи тынг саслам кодтой кæмдæридцæр, давынæй, нуазынæй, нæмынæй, стигъынæй, алцы дæр сын æнтысы, æлгъ ницæуыл уал кæнынц. Уымæ гæсгæ дзы никæмæ хъæуы кæсын. Алкæмæн дæр дзы йæ Хуыцауыхай æгъгъæд фæуæд. Уыдæттæм кæсгæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, адæймаг фес- тырзæрдæ вæййы. Фæлтау кæс Чырыстимæ, уырнындзинады Сæргълæууæгмæ, - афтæ амоны Библи. Кæсут Чырыстимæ. Уый йедтæмæ æндæр ничи у фæзминаг дæуæн дæр æмæ мæнæн дæр. Æз Йесойыл куы фæхъуыды кæнын, Йæ уарзондзинадыл, Йæ зæрдæйы уагыл, уæд æваст фендæрхуызон вæййын, никæмæн уал мæ фæфæнды уайдзæф бакæнын, йæ аипп ын зæгъын, уымæн æмæ мæхимæ дæр бирæ хъæндзинæдтæ æмæ аиппытæ иртасын. 327
ЕВАНГЕЛИ АЛКÆЙЫ ТЫХХÆЙ ДÆРФЫССЫ „...Хуыцауæй разы, ракетæ атахти Венерæмæ æмæ мæйыл æр- сагъта советон герб. Сымах та нырмауæ Евангелийы кой кæнут..." Евангели - мæ Евангели, миййаг, нæу, фæлæ нæ Йесо Чырыс- тийы. Стæй у Æппæт адæмы Евангели, адæймагмæ Хуыцауы уар- зондзинад æвдисæг чиныг. Хуыцауы фæнды Чырыстийы руаджы адæймагмæ фæхæццæ уæвын. Адæймаджы та фæнды мæймæ фæхæццæ уæвын. Уый та, раст уын куы зæгъон, уæд „Вавилойнаг мæсыгæй" уæлдай нæу. Уый, чи зоны, æмæ бабын кæна йæ аразджыты, баныгæна æнæхъæн дунейы йæ дæрæнты бын. Библи амоны, адæймагæн йæ бар у зæхх, Хуыцауæн та - арв (Пс. 113:24). Фæлæ адæм ууыл нæ разы кæнынц. Тырнынц мæйы цард бамбарынмæ, зæххыл та цас æмæ цас уынæм нырма æнæ- лыггонд хъуыддæгтæ! Æнæмæнг æхсызгон у, æгайтма кæмдæр дард Мæйы змисты сагъд æрцыд советон герб. Фæлæ цымæ Уæрæ- сейы стыр ахуыргæндтæн не ’мбæлы сæ цæст чысыл дæлдæр æрдарын æмæ батинкæйы иу фæлысты аргъ цас у, уый фенын? Евангели у зыбыты иунæг фæрæз, алкæйы дæр æмæ æнæ- хъæн дунейы дæр амондджын чи скæндзæн, ахæм. Уымæн куыннæ хъуамæ кæнæм йæ кой æрвылбон. РАСТ ФÆНДАГ „...Мæнмæ гæсгæ, мæ хæлар, ды цыма цардæй фæсте аззадтæ. Æвæдза, цардимæ æмдзу куы кæнис, уæд дæ хуызæн курдиатджы- нæн бирæ бантыстаид афонмæ. Дуне размæ бырсы прогрессы фæндагыл, ды та дæмидбынаты цоппай кæныс дæ Евангелиимæ..." Нæ, æфсымæр! Ды рæдийыс. Мæн нæ фæнды абоны дугимæ æмдзу кæнын, уый тыххæй æмæ йæ фæндаг сæрсæфæнмæ цæуы. Æмæ Евангелийыл бадгæ мæ мидбынаты нæ цоппай кæнын, фæлæ йæ бæрзонд исын, цас мæ бон у, уый бæрц, цæмæй иууылдæр феной сæ ирвæзыны фæндаг. Евангели мæнæн у мæ 328
кувæн чиныг. Уадз, дуне бырсæд прогрессы фæндагыл, фæлæ дзы мæнæн цы пайда ис, зæгæъм 10 азмæ Нью-Йёркæй Лон- донмæ батæхæн уыдзæн 60 минæтмæ. Фæлæ цымæ кæм уыдзæн махæй алчи дæр 10 азы фæстæ? Фæуæд афтæ дæр, æз фæсте зайын цардæй, фæлæ цæуын æнусон цардмæ, мæнæ ныры цардæй бира ахсджиагдæр чи у, уырдæм. Æмæ дæумæ дæр сидын уыцы фæндагмæ. Ууылты цæугæйæ, никуыма ничи фæдзæгъæл. ИОСИФ-РАСТУ „...Ды фыссыс Иосифы тыххæй, уый иунæг раст адæймаг уыд библийы амынд, зæгьгæ. Уæвгæ та цагъайраджы æфсондз æрæф- тыдта æппæт египетæгтыл... Уæд куыдрасту? Кæд дæ æцæгдзинад базонын фæнды, уæд, Иосиф нæ уæвгæйæ, египетæгтæн æххормагæй æнæ фесæфгæ нæ уыд. Иосиф египетæгтæн хор уæй кодта закъонмæ гæсгæ. Уымæй размæ 7 азы дæргъы египетæгтæн уыцы хоры тыххæй фыста æхца. Фæлæ цы зæххытæ æлхæдта æмæ египетæгтæн аренды кæй лæвæрдта, сæ тыллæджы фæндзæм хай фараонæн дæттыны тыххæй бадзургæйæ, уый æфтиæгты хъалонæй фылдæр нæ уыд, махæй алчи дæр фиды уый бæрц хъалон. Египетæгтæ æнæкъуы- лымпыйæ фыстой сæ „хъалон", ома, лæвæрдтой сæ тыллæджы фæндзæм хай æмæ Иосифæн дзырдтой: „Ды фервæзын кодтай мах æххормаг мæлæтæй". „Мах фараоны цагъайрæгтæ уыдзы- стæм", зæгъгæ, уыцы ныхас афтæ нæ амоны, ома, „фараоны уацай- рæгтæ уыдзыстæм". Египетæгты банымайын хъæуы арендатор- тыл, цагъайрæгтыл нæ, фæлæ. Уымæ гæсгæ Иосифмæ æппындæр къух бакæнæн ничердыгæй ис, раст адæймаг цы вæййы, уый у. Евангели сиды адæмы æмсæрдзинадмæ, сæрибармæ, фæлæ хъы- гагæн абоны дуджы нырма алы æгъдауæй дæр нæма фесæфт цагъардзинад. Уæлдайдæр материалон æгъдауæй домбайдæр чи уа, уымæн йæ бон у кæйфæнды дæр йæхи аккаг скæнын. Æмæ уым аххосджын Хуыцау нæу, фæлæ адæм сæхæдæг. 329
СТЫР РÆДЫД „...Мæнæ æрмæстдæр афтæураст: кæд æмæ дæм æхца ис, уæд ды Хуыцау дæр æмæ паддзах дæр. Фæлæ де ’хцадон афтид куы уа, уæд æхсæвæй бонæй куы кувай, уæддæр дзы ницырадавдзынæ..." Дæ рæстдзинад - рæстдзинад нæу. Мæхи фæлтæрдзинадмæ гæсгæ дæр милуангай адæмты цардмæ æркæсгæйæ дæр, мæ бон уый зæгъын у, æмæ дзы ницæмæн хæуы æхсæвæй бонæй кувын, æрмæст иунæг зæрдæбын куывдæй дæр йæ бон у аивын дæ цардæн. Æхцайæ та дæ бон балхæнын у сынтæг, фæлæ дæ хуыссæг куынæ ахса, уæд уымæн æхцайæ балхæнæн нæй. Бал- хæндзынæ чиныг, фæлæ зондæн балхæнæн нæй, балхæн хойраг, фæлæ дæ зæрдæ хæрын æрцагуырдта, уымæн де ’хцайæ ницы ссардзынæ. Балхæндзынæ хостæ, фæлæ æнæниздзинад - нæ. Балхæн иконæ дæр, фæлæ Ирвæзынгæнæджы нæ балхæндзынæ. Æхцайæ не ссыгъдæг кæндзынæ дæ тæригъæдтæ, æнæ уый та иунæг уд дæр нæ фендзæн уæларвон дзæнæт. Æз зыдтон бирæ „паддзæхты æмæ хицæутты" æхцайы голджытимæ, фæлæ дзы иу дæр амондджыныл банымайæн нæй, „сæ арынджы састы" баз- задысты, афтæмæй æнусмæ ацыдысты æнæ Хуыцау, æнæ ир- вæзтæй. КÆУЫН КÆУЫЛ ХЪÆУЫ, АХÆМ ХУДÆГ „...Ме ’нæзонгæ хæлар! Куыд бамбæрстон, афтæмæй дæу уыр- нынц Хуыцауæй, дæлимонæй сеппæт дæр. Уый тынг худæг кæсы, иу гыццыл дæр ахуыргонддзинад кæмæ ис, ахæм адæмтæм..." Ахæм æмбисонд баззад фыдæлтæй: „ХУДГÆ уый фæкæны, фæстагмæ чи фæхуды". Хуыцауыл æз æууæндын Йæ алæмæты диссæгты тыххæй нæ алыварс дунейыл дæр æмæ мæнæ мæхи уды мидæг дæр. Бæргæ не ’ууæндин дæлимоныл, ды мын куы зæгъис, йæ куыст ын чи æххæст кæны, уый, уæд. Йæ архайд та йын мах æмбарæм алы къахдзæфæн дæр. Ды йыл кæй не 330
ууæндыс, уый дæр уымæн йæхи куыст у. Æмæ уыцы нæуырнын- дзинад лæджы æртæры цæссыг æркалыны онг. Дæлимон карзæй, хæстифтонгæй сыстади Хуыцауы ныхмæ æмæ Йе сфæлдисæн хъаруйы ныхмæ. Уыцы тохы æнæмæнг фæуæлахиз уыдзæн Хуыцау. Æмæ амондджын уыдзысты, Йæ фарс чи лæууы, уыдон. БИБЛИ У ЦАРДЫ ХОС „...Ды иуыл æппæлыс Библийæ, уымæн æмæ дæхи уымæй дарыс. Фæлæ æз æххормаг куы уон, уæд мæ дæ Библи нæ бафсаддзæн..." Раст зæгъыс, мæн Библи дары. Æз уымæй цæрын, ома, уый фарнæй. Мæнæ ныр иуæндæс азы кусын иу фабричы æмæ уыцы рæстæджы дæргъы иунæг кусгæ бон йедтæмæ никуыма фæцух кодтон. Амондджын дæн æз Хуыцауы хорзæхæй. Уымæ гæсгæ мæ зæрдæйæн æппæты зынаргъдæр чиныг у чекты нæ (уæвгæ дæр мæм никуы уыд ахæм æмæ мæм нæ уыдзæн), фæлæ Хуы- цауы чиныг - Библи. Уый ницавæр чиныг амбулдзæн, ницавæр схиздзæн уымæй бæрзонддæр, кадджындæр бынатмæ. Уый æцæгдзинадæй, хойрагæй æфсæдæгау, дары адæймаджы уды, фæндаг ын лæгæрды æнусон цардмæ, Чырыстийы дунемæ. Мæн уырны, Библи дæу дæр фæдардзæн, куы йыл баууæндай, уæд. КÆЦЫРАН ИС ЗЫНДОН? „...Аргъуанты кусджытæ адæмы тæрсын кæнынц зындонæй. Дзæнæт, дам, уæлæрвты ис, кæд æй никуы ничи федта уæддæр. Уæд зындон та кæцыран ис, уæдæ?" Зындон ис дæ царды кæрон, Йесо Чырыстийыл дæхи рагацау куынæ бафæдзæхсай, уæд. Адæймаг барвæндонæй йæхи Хуы- цауы уарзондзинадæй æнæхай куы кæна, Евангелийы куы ницæ- мæ дара, уæд базондзæн, зындон кæцыран ис, уый нæ, фæлæ дзы 331
йæхæдæг смидæг уыдзæн. Дзæнæтмæ дæр æмæ зындонмæ дæр адæймаджы хъæуы æрмæстдæр иунæг санчъех, кæд сæ дыууæйы æхсæн „æнæхъæн сæрсæфæн" ис, уæддæр. Уырны мæ, дæхи зондæй кæй æрцæудзынæ царды Æцæгдзинад бамбарынмæ, кæй бахатдзынæ Чырыстимæ æмæ Йемæ кæй сæмбæлдзынæ æнусон царды, ома, æцæг дзæнæты. ЦÆУЫЛ ÆРÆНЦОЙ ЧЫНДÆУА „..Æри мын, цæуыл æрæнцой кæнон, уый æмæ дуне фæиннæр- дæм кæндзынæн", - афтæ загъта кæддæр номдзыд физик Архимед. Уыйау мæнæн дæр бамбарын кæн, цæуыл æрæнцайæн ис, цæмæй мæ цард фендæрхуызон кæнон? Уынын, æмæ давæгæй, фыдгæнæгæй цæрынц парахатæй, æппындæр никуы ницы хъуаг сты. Чи кувы, чи фæллой кæны, уыдон та тыхæмхасæнтæй цæрынц. Афтæмæй та Библи зæгъы: „Курут æмæ уын лæвæрд уыдзæни. Хуыцау рæдау у, мах - Йæ хъæбултæ, æмæ хъуамæ дæдтид, цы нæ хъæуы, уый, фæлæ кæм..." Раст у. Хуыцау дæтты æмæ дæтты, нæ удæн пайдайы хос цыдæриддæр у, уыдæттæ. Дæлимон та нын дæтты, цы нæ нæ хъæуы, нæ уыдæн зиан цы у, уыдæттæ. Фæлæ адæм сæхæдæг æдзух нæ фæзонынц, цы сæ хъæуы æмæ сæ цы нæ хъæуы. Давджыты, фыдгæнджыты бæркадджын хъæздыг цард рæс- тæгмæ хъуыддаг у. Рагон æмбисонд дзæгъæл хуымæтæджы нæ зæгъы: „Дав æмæ фыдбылызы бад". Давæгæн кæддæр æнæ бахаугæ нæй, гæдыйы къах цыбыр у, фæзæгъынц, гæды лæгыл нал уыдзæн æууæнк, фыдлæгæн та рахаудзæн йæ гамхуд æмæ разындзæн йæ æцæг цæсгом. Алчи дæр дзы бафиддзæн йæ хæс. Фæлæ Хуыцауыл не ууæндгæйæ, царв æмæ мыды куы тулай, уæддæр ницы у дæ цард. Йæ кæрон хорзмæ нæ цæуы. Зæххон цард скъолайæ уæлдай нæу, уды цæттæ кæны æнусон дзæнæтмæ. Зындзинæдтæ æмæ хъуæгтæ хорз ахуыргæнæг сты лæгæн. Адæймаг цас фылдæр бавзары фыддзинæдтæ, уыйас рауайы фæразондæр, фидардæр. 332
„Æрæнцойгæнæн стъæлф" та дын - Голгофы, мах тæригъæд- ты сæраппонд Чырысти Йæхи дзуарыл байтындзынмæ кæм радта, уым. Голгофы æрæнцайæн бынаты зæхх баиу вæййы арвимæ. Уым ис нæ тых æмæ нæ цин, нæ ныфс æмæ æнусон суа- дон, стыр дамгъæтæй ныффыссыны аккаг Царды суадон. ФÆРНÆЙДЗАГ ХЪУЫДДАГ „..Æз куыд бамбæрстон, афтæмæй, зæгъæм, Билли Грем адæмы æмбырд кæны уынгæй æмæ уыдонимæ дзурынæй æхца кусы йæхицæн. Ис ма æндæр ахæм мадзæлттæй дины руаджы æхца кусджытæ дæр. Мæнмæ гæсгæ та адæймаджы йæ тæригъæдтыл фæсмон кæнын куы æрфæнда, уæд хъуамæ бацæуа аргъуанмæ æмæ уым дæ хъуыддаг бакæ, æдте уынджы æппæт дзыллæйы æхсæн æфсæрмдзастæй лæууыны бæсты..." Бæргæ бирæ цыдæртæ æмбæлы адæймагæн, фæлæ кæнæг нæй. Билли Грем та кæны фæрнæйдзаг хъуыддаг. Апостол Петр Кæрдæгхæссæн бон æмбырдтæ арæзта Иерусалимы стыр аргъуа- ны нæ, фæлæ фæзты, уынгты æмæ уыцы рæтты сæ тæригъæдтыл æрфæсмон кодтой 3 мин адæймаджы бæрц. Билли Гремы чи фауы, уыдон горæты уынгты фæцæйцæу- гæйæ, тынг арæх сæмбæлынц, тæригъæд ракæнынæй чи не ’фсæ- ды, тæригъæдтæй зæрдæрухс чи у, ахæмтыл, фæлæ сæ хъуыды дæр не ’ркæнынц, афтæ цымæ амбæлы, уыйау, сæ рæзты æнæ- мæтæй аивгъуыйынц, Чырысти ахæм тæригъæдджынты тыххæй бадти сагъæсы æмæ сæ хуыдта дзæгъæл фыстæ, сæ фиййау бирæгъ кæмæн сси, ахæмтæ. Æмæ æрхызти Чырысти зæхмæ, цæ- мæй ссара „дзæгъæл" фысты æмæ сæ сæфын ма бауадза. Уымæн æмæ Йæ фæнды дзæгъæл фысты Фиййау уæвын. Фæлæ сын чи бацамона зæрдæхæлар хæрзаудæг Фиййауы, Йесо Чырыстийы. Æмæ дингæнджыты æмбырдтæ æрмæстдæр аргъуаны цыппар къулы æхсæн йедтæмæ куы никуы уа, уæд утæппæт адæм кæд фехъусдзысты Чырыстийы кой. Кæд æмæ адæм нæ цæуынц ар- гъуанмæ, уæд аргъуан йæхæдæг хъуамæ рацæуа адæмы æхсæнмæ. 333
Гъе, раст афтæ кæны Билли Грем дæр. Хи пайдайы куыстæн дзы ам йæ кой дæр нæй. Уый лæггад кæны мæгуыртæн æмæ амонд- хъуаг тæригъæдджын адæмæн. Уый фæрнæйдзаг хъуыддаг у. УЫЙ ЧЫРЫСТОН ДИН У „...Фарон балцы уыдтæн Италийы сæйраг горæт Римы, чыры- стон дины артдзæсты. Æмæ дзы федтон хæрзарæзт, хæрзхаст сауджынтæ, мызд та сын фидынц мæгуыр адæмы мысайнæгтæй. Уый чырыстон дин у? Чырыстон дин раджы ныггаффутт, ды та йæуынгæ дæр нæ кæныс..." Ды мæм дæ писмойы цытæ ныффыстай, уыдон чырыстон дин æвдисæг не сты. Уый нæ, фæлæ чырыстон динæн йе ’нгæс дæр не ’ййафынц. Хъуыддагæй та уым æппындæр чырыстон дины миниуæгæй мисхал дæр ницы ис. Уымæ гæсгæ дæ уай- дзæфтæ чырыстон динмæ нæ хауынц. Ды фыссыс давæг адæмы æхсæн хъæздыг æгъдæутты хабар, æнæфенддзинад æвдисæнтæ. Æмæ уыдæттæн æппындæр ницы бастдзинад ис æцæг чырыстон динимæ, стæй нæ Чырысти дæр ууыл нæ ахуыр кодта. Æз куыд æнхъæлын, афтæмæй ды хъуамæ зонай Хуыцауæй лæвæрд чырыстон дин, Евангелийы амынд дин. Уæд бамбар- дзынæ, æцæг чырыстон дин нæ фесæфт, фæлæ цæры йæ цардæй æмæ цæрдзæн Чырыстийы дыккаг æрцыдмæ. ХÆЛАРДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ »..Æз райстон мæ цардæн ахæм уаг: „Баиргъæв мæ, Хуыцау, мæ хæлæрттæй; ме ’знæгтæй та мæхæдæг фервæздзынæн". Нæ, мæ хур. Æнæ Хуыцауы æххуысæй дæхæдæг дæхи æгъда- уæй никуы фервæздзынæ знагæй. Хуыцауæн та, Библи куыд зæгъы, Йæ бон у знагæй хæлар аразын. Дæ уаг чырыстон нæу, фæлæ у мурттатаг. Æмæ кæд ахæм 334
уавæры цæрыс, уæд фæрсинаг нæ дæ. Психологон æгъдауæй дæр æмæ æрвылбоны царды дæр адæймаг здæхт у хæлардзинадмæ, йæхи адæммæ, йæ мадæлон æвзагмæ. Уый, чи æмбæлы, ахæм хъуыддаг у. Хи æдтæссон дарын та у фæстаг бонты миниуæг. „Адæм суы- дзысты уазал зæрдæ, æдтæссон, хахуыргæнджытæ, æнæбазыр- тæй мæргътимæ тæхджытæ" (2 Там. 3:2). Æцæг хæлардзинад гуыры уарзондзинадæй. Æмæ дзы лæг дæрдты куы лидза, йæ сыхаг ын æцæгæлон куы суа, уæд зон, уарзондзинад нал ис уыцы адæймагмæ, чи зоны, æмæ йæм æппындæр дæр нæ уыд. Фæлæ уарзондзинады суадон Хуыцау кæй у, уымæ гæсгæ адæм Хуыцаумæ сæ бастдзинад кæм фæхицæн кæнынц, уым ницуал бастдзинад баззайы сæхи æхсæн дæр. Уым нал уыдзæн хуымæтæджы хæлардзинад хуымæтæджы адæмы æхсæн. Уый бæсты дзы фæзындзæн æнæууæнкдзинад. Евангели адæммæ сиды, цæмæй баууæндой Чырыстийыл, хæлардзинады бындур Уый у. ДЗУАПП МÆ ЗÆРОНД ФЫДЫХАЙÆН „...Мæ хъæбулæй дæм бадзурон, ме ’нæзонгæ хæлар. Цыппарс- сæдз азæй мыл фылдæррацыд æмæ цынæхуызон дин ахуыр кодтон! Мæ цардцæрæнбонты рæстдзинад агуырдтон æмæ чысыл цыдæр- тæ рахатыдтон. Чырыстон динтæ иууылдæр сты дзутты æрхъуыдыгонд. Æрвитын дын Томас Пейны чиныг „Век разума". Бакæс æй, стæй кæс Крапоткины, Бакунины, Толстойы чингуытæ, зондджын адæм стыуыдон. Æз Хуыцаумæ нæ кувын, мæ гуыбын куы фæриссы, уæд хос ана- зын, уый мын хуыздæр æххуыс кæны Библийæ. Дины хъуыддæгтæ та иууылдæр сты хъæздгуыты фæдфæливæнтæ. Уæдæ цæй æфсон ссивой адæмы мæгуыр капеччытæ..." Раст зæгъыс. Дæ карæнмæ гæсгæ æцæгдæр мæ фыды фыды æмгар æййафыс, æмæ дæ, уый хынцгæйæ, ахуыр кæнынмæ, мий- йаг, нæ хъавын. Фæлæ де стыр писмойæн дзуапп радтын ныма- 335
йын ме хæсыл, мæ хæсыл нымайын дзуапп радтын фыцца-.' джыдæр мæ Хуыцауыхайы раз. „Нæ зонын, фæлæ 80 азæй уæлæмæ кæуыл рацыд, æмæ або-' нæй райсоммæ йæ „фæстаг бонтæ" чи нымайы, уый куыннæ, хъуамæ æмбара, цы ран лæууы, уый, кæд йæ „цæргæ-цæрæнбон- ты" рæстдзинад фæцагуырдта. уæддæр. Ды, мæ фыды хай, рæстдзинад агуырдтай, кæм нæй, уыцы ран, ды рухс агуырдтай уæрмыты, схизын та дæ хъуыди бæрзонддæр, хæрдмæ, цæмæй федтаис æцæгдзинады цæхæркалгæ тынтæ, цæмæй бамбæрстаис < æнусон Хуыцауы уарзондзинады хъарм. Томас Пейны чиныг кæсгæйæ, дæ удæн ды дæхи къухæй бадардтай марг. Дæу хъæуы сдзæбæх кæнын, дæ уд йæ гаччы цæ- мæй сбада, уый тыххæй. Чиныг „Век разума" схонæн уаид „Век безумия". Библийы хицæн скъуыддзæгтæ сисгæйæ, Томас Пейн йæ тых, йæ бонæй архайы Библийы ахуырад „хъæздгуыты фæд- фæливæныл" банымайын, Чырыстийы та, дам, „æнахуыргонд талынг адæм æрæмысыдысты". Афтæ хурыл цъыф калынæй уæл1 дай нæу. Уый тыххæй уæддæр хуры рухс нæ фæкъаддæр уыдзæн. Мæнæн кæсынмæ амоныс Кропоткины, Бакунины, Толсто- йы. Кастæн сæ бæргæ, фæлæ мæ рухсмæ нæ ракодтой. Уыцы зондджын автортæ дæр фарисейты хуызæн Чырыстийы федтой æрмæстдæр Назаретаг хъæдæрмæджы куыстгæнæгæй. Куырм Вартимей æмæ мæнæ мæхæдæг та Чырыстийы базыдтам куыд нæ удты Ирвæзынгæнæг. Афтæ йæ нымайынц милуангай дзыл- лæтæ, уыдоны æхсæн чысыл нæй æгас дунейы хъуыстгонд ахуыргæндтæ. Ды та, мæ фыдыхай, хъæууон скъола дæр ма тыхамæлттæй каст фæдæ (дæ писмо дын срæстытæ кодтон грам- матикон æгъдауæй) æмæ афтæмæй дæ ныфс бахастай стыр ныхас ракæнынмæ, зонд амонынмæ. Зæххон цард тынг цыбыр у. Фæлæ уыцы цыбыр æмгъуыды дæр Хуыцау дæуæн иу æмæ дыууæ хатты нæ лæвæрдта фадат адæймаджы философийы мæнгарддзинад бамбарынæн. Ды бавдæлдтæ æмæ дæхимæ æркастæ стыр ахуыргонд, нæ бафыдæ- бон кодтай Евангели лæмбынæг бакæсыныл, æнæ критикæйæ, зæрдæбынæй. Ды не ’ууæндыс, Чырыстийы Хуыцау кæй радта, ууыл, нæ дæ уырны æнусон цард, нæ дæ уырны Чырыстийы рай- 336
гасы хабар. Уыдæттæ дæумæ кæсынц „сауджыны аргъæуттæ". Ды разы дæ Матфейы 5-æм сæргондыл, æхсæзæмыл та нæ. Нæ, мæ хуры чысыл! Уыцы фарста æрмæстдæр иуырдæм лыггæнгæ у, „ардæм - уырдæмтæн" дзы гæнæн нæй: кæнæ разы дæ æппæт Евангелийыл, куыд у афтæмæй, науæд ныдздзæгьæлтæ дæ алы- хуызон „измты", софизмæй райдай æмæ анархизмы онг, стæй ноджы дарддæр. Зæрдæйæ дæ уарзын, мæ фыдыхай, æмæ дын зæрдæбынæй амонын: æрлæу Чырыстийы Евангелийыл, биноныг æй бакæс æмæ дæ гуырысхотæ ахицæн уыдзысты, дæ зæрдæ „къæпп" нал кæндзæн, афтæ у, æви нæу, зæгъгæ. Стæй ма дын уый зæгъинаг дæн, дæ хосæй æгæр ма æппæл. Гуыбыннизæн хатгай феххуыс вæййы, удæн та - никæд. Тынг хъиамæттаг фæуыдзæн дæ мæлæт, Хуыцауимæ куынæ бафидау- ай, уæд. Фидауæг та у Чырысти. Ныууадз рæдыдтытæ агурын Евангелийы, уымæ дæ не ’вдæлы. Æрцыди дæ рæстæг Чыры- стимæ бакувынæн: „Бахатыр мын кæн, ныббар мын æмæ мæ фервæзын кæн!" Уый дын ныббардзæн æмæ дæ фервæзын кæндзæн дæ тæригъæдты уæззау уаргъæй. Фæлæ афтæ дæр вæййы, абон ирвæзын кæны, райсом - тæрхон. Уымæй дæ нæ тæрсын кæнын, фæлæ хæдзар куы судза, уæд ын йæ дуар куыннæ бахостæуа æмæ куыннæ бахъæр чындæуа мидæмæ: „Райхъал у, мæ хæлар, науæд дæхæдæг дæр басудздзынæ!..." НУАЗ, ФÆЛÆ РАСЫГ МА КÆН „...Цы чиныг мын æрбарвыстай „Ллкоголь и человек", уый бакастæн. Раст зæгъын хъæуы, чиныг дзуры æцæгдзинад, царды кæй уынæм, уый, фæлæ ранæй - рæтты иу чысыл фæкарздæр йæ мидис. Æмæ афтæ æнхъæлыс „хус закъон" исты уæлдай сахадид? Æппындæр нæ. Куыддæриддæр цæрæм, афтæуæд дæр. Фæлæ хъай- мæт уый у, æмæ адæм нуазын нæ зонынц. Нуазыны бар ис, фæлæ æгæр нæ. Æгæргæнæг, дам, æгæр нæ кæны, фæзæгъынц. Иуæй-иутæ куы баирвæзынц, уæд дзы сæ „уæлдай" нæ уадзынц, бæрц нæ зонынц æмæ гъеуый сафы адæмы..." 337
Диссаджы ныхас зæгъыс! Цъыфы куы цæуай, уæд дзы дæ дзабыр куыд нæ счъизи уыдзæн? Куыд хъуамæ ма баназай дæ фаг, кæд æмæ нуазыны бар ис?! Дзырдæн райсæм Америчы. Конституцимæ уæлæмхасæны 18-æм пункт йæ тыхы куы уаид æмæ 177.790 нуазæндоны дуæрттæ æхгæд куы æрцæуиккой, карз нозт уæй кæныны хъуыддагæн лæг марыны хуызæн аргъ куы кæниккой (уæвгæ та нозт дæр марæн кард у, æндæр циу), УÆД бирæ милуантæ нæ хъæуид хардз кæнын иудадзыг расыггæн- джыты дарæн кусæндæттыл. Уæд фæхуыздæр уаид царды уавæр, фæкъаддæр уаиккой хъуыддæгтæ, фæкъуындæгдæр уаиккой низтæ, нæ рæзид ахст адæмы нымæц, фæбæрзонддæр уаид адæмы моралон уавæр, фылдæр хардз кæниккой уды пайдайæн æмæ аргьуанты кусæндæттæм. Уый уаид дзуапп бирæ уырнæг адæмæн, цæмæй уыдон, чы- рыстон бæстæйы цæрой чырыстон цардæй. Кæд æмæ, миййаг, ды нуазæгтæй дæ, уæд дын мæ хуыздæр уынаффæ: нозт ныууадз тæккæ абон, фæстæдæрмæ йæ не ’ргъæвгæйæ! ÆРГОМ НЫХАС „...Фæнды мæ демæ æргом аныхас кæнын, зæрдæйæ-зæрдæмæ. Ды фыссыс дины хабæрттæ, æз та сæ хъыг сдæн. Уымæн æмæ уынын, цас дзы ис мæнгарддзинад, цæстмæмитæ!... Уыдæтты фæстæ дæу бынаты æз Евангелийы кой уæвгæ дæр не скæнин, фефсæрмы уаин адæмæй æмæ мæхи ныхъхъус кæнин. Дæумæ гæсгæ адæм нæ зонынц Евангели? Зонынц, фæлæ сæ нæ фæнды йæ амындмæ хъусын æмæ йæ æххæст кæнын". Гъе, æмæ мæн дæр уымæн фæнды, адæм Евангели куы кæсик- кой, уый. Уымæн æмæ ацы дунейыл мæнгарддзинад тынг стых- джын, адæм кæрæдзи сайынц, фæливынц, сарæх сты цæстмæ- митæ. Æрмæст Евангели кæны адæмы раст царды фæндагмæ. Евангелийы æмæ Чырыстийы тыххæй уымæн дзурын, æмæ сын фылдæр адæм ницы зонынц, стæй бынтон нæ зонынц, уый дæр 338
нæй, фæлæ сæ бынтон рох у сæ царды ахъаззагдæр хуыдцаг - уд ирвæзын кæнын. Библи афтæ зæгъы: „Хуыцауыл дзурджытæ! Æнæбанцайгæ дзурут!" (Ис. 62:6). Æмткæй дины кусджыты тыххæй куы дзурæм, уæд æппын- дæр гуырысхо нæ кæнæм, се ’хсæн æнæгæды иузæрдион адæм кæй ис, ууыл. Чырыстийы 12 ахуыргæнинæгтæй иу разынди га- дзрахатæй цæуæг. Уый ууыл дзурæг нæу, æмæ иннæ иуæндæсыл дæр мауал æууæндæм... Афтæ дæр вæййы: æнæхъæн дыууиссæдз азы дæр адæмæн æмбарын кæн Евангели, дæхицæн дзы исты пайда скæныны охыл кув Чырыстимæ „кæрдзыны къæбæры" тыххæй, дурзæрдæ, загъдкъахæг æмæ хивæнд уæвгæйæ. Кæй хъæуы ахæм дингæнæг! Хъуыддаг уый мидæг нæй, цал азы ны- мадтай дæхи уырнæгыл, Хуыцаумæ кувæгыл, фæлæ дæ зæрдæмæ цас арф айстай Чырыстийы фæндонтæ, цас æнæгæды дæ, дæ уд цас хъарыс Чырыстийы фарнæй хайджын уæвыныл, гъе, сæй- рагдæр уыцы хъуыддæгтæ сты. Кæддæр поэт Анатолий Мариенгоф афтæ фыста: „Это чепу- ха, что искусство облагораживает человека", ома, хуымæтæджы ныхæстæй зæгъгæйæ, аивад æппындæр йæхæдæг йæхи æгъдауæй ницы ахъаз у адæймаджы уд срæсугъд кæнынæн. Раст мæм афтæ кæсы абон дины хъуыддаг дæр. Гуымиры, саузæрдæ хиуарзон адæмтæ чысыл нæй дины кусджыты æхсæн дæр, фæлæ Еванге- лийы амынд куыд уыд, афтæ нæ фендæрхуызон абон дæр: уд аирвæзыны тыххæй æнæмæнг хъæуы фæсмон фæкæнын тæри- гъæдтыл. Хуыцау тæригъæдджынтæй кæны рæстудтæ, сæ галиу митыл куы фæфæсмон кæной, уæд. Кæд æмæ дæхæдæг хуыздæр дæ, дæ писмойы кæй кой кæныс, уыдонæй, уæд равдис дæхи, дæ лæджыхъæд æмæ дæ уадз бафæз- мой иннæтæ дæр. Уый уыдзæн дæ фæллойы стыр хай Чыры- стийы хъуыддагæн. Æмæ дæ Хуыцау фæхайджын кæндзæн йæ хорзæхæй. 339
АРГЪУАНМÆ ЦЫМÆ ЦÆУЫН ÆНÆМÆНГ ХЪÆУЫ? „...Мæнмæ гæсгæ аргъуанмæ алы хуыцаубоны ницæмæн хьæуы цæуын. Къуырийы дæргъы æхсæз боны бакусгæйæ, иу бон та хъуамæ дæ фæллад суадзай..." Де уæнгты фæллад суадзын - хорз хъуыддаг бæргæ у, фæлæ ма дзы удыл дæр ахъуыды фæхъæуы. Уд та уæм ницыдæр кæсы буарæй? Кæд æмæ алы хуыцаубоны аргъуанмæ цæй тыххæй цæуынц, уый нæ зоныс, уæд мæнмæ гæсгæ цæстæй иуцасдæр фæхъуаг дæ. Æвæццæгæн, уæд дæумæ хауынц Чырыстийы мæнæ ацы ныхæ- стæ: „И глазною мазью помажь глаза твои, чтобы видеть" (Æрг. 3:18), ома, цæсты хосæй байсæрд дæ цæстытæ, цæмæй уынай. Бирæ æфсæнттæ ис, Чырыстон лæг аргъуанмæ алы хуыцау- боны нæ, фæлæ къуырийы астæу дæр искæцы æндæр бон цæмæй цæуа, уымæн. Библи амоны, цæмæй кувæг адæм иумæ æмбырд кæной къуырийы фыццаг бон æмæ арой сæ Ирвæзынгæнæджы ном. Кувæндон сæрмагондæй уый тыххæй кусы, цæмæй адæм Хуыцауимæ кæрæдзи бамбарой кувыны фæрцы, Библи бакæ- сыны, чырыстон зарджытæ Хуыцауы кадæн азарыны тыххæй (Еф. 5). Адæймаджы зондахаст дины хъуыддæгты нæ рæзы æнæ аргъуанæй. Æнæ аргъуанæй æнæзæрдæхудт фæллой нæ кæны Хуыцауы кадæн. Алы къуырийы дæр нимайæм 168 сахаты. Хуы- цауы афтæ фæнды, цæмæй уыцы 168 сахатæй цалдæр сахаты уырнæг адæймаг йе ’фсымæртæ æмæ йæ хотимæ фембæла ар- гъуаны. Адæм кæдæм æмбырд кæнынц, уыцы аргъуаны та æнæмæнг фæкусы хуыцаубонты ахуыргæнæн скъола. Æмæ уым Хуыцауыл æууæндæг адæм ахуыр кæнынц Библи, кæрæдзи хъæр æмба- рынц, кæрæдзийæн аргъ кæнынц, фидар кæны сæ хæлардзинад, Чырыстийы фарнæй стыр хайджын уæвгæйæ. Фæлæ æрмæстдæр Куадзæны æмæ Цыппурсы бæрæгбоны кадæн чи вæййы аргъуа- ны, уый формалон чырыстон у, Чырыстимæ æввахс чи нæ цæуы, ахæм. 340
ЛÆВАР „...Чырысти Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта: „Лæвар райстат, лæвар дсеттут". Ныры сауджынтæ та сæхи Чырыстийы ахуыр- гæнинæгтæ хонынц, афтæмæй махæй „фиддонтæ"домынц"... Чырысти уыцы ныхæстæ загъта Йæ ахуыргæнинæгтæн æмæ сын æппæт бартæ радта диссæгтæ æвдисынæн. Уыцы хорзæх Чырысти лæвар бакодта Йæ ахуыргæнинæгтæн, уый аккаг нæ уыдысты, афтæмæй. Æмæ мæгуыры бон æркæндзæн, йæ хорзæ- хæй галиуырдæм фæпайда кæнын кæй зæрды æрæфта, ууыл (Д.А. 8:20). Фæлæ Библи зæгъы мæнæ æндæр хуызы дæр: „Фæллойгæнæг у хойрагæй æфсæст уæвыны аккаг". Йæ ахуыргæнинæгты дины ахуырад дзыллæтæн æмбарын кæнынмæ æрвитгæйæ, Чырысти- йы нæ фæндыд, хойраг амал кæныныл сæ рæстæг сафой, уый. Аивæй сын бамбарын кодта, кæд æмæ хæстæг, хионты пайдайæн фæллой кæнынмæ цæуынц, ома, дины ахуырад адæмы æхсæн парахат кæнынмæ, уæд сыл уыцы адæм та хъуамæ батыхсой хойрагæй (1 Кор. 9:14). Кæй зæгъын æй хъæуы, „Отче наш", зæгъгæ, уый тыххæй хъуамæ æргътыл ныхас ма уа. ЦЫ ХЪАУДЖЫДÆР СÆ ИС? „...Кæцыдæр Беседæйы ды кæддæр скодтай иу мексикайнаджы кой, йæриуыл крестуыд, зæгъгæ. Хорз адæймагуыд, æви æвзæр, уый мах хъуыддаг нæу. Фæлæ крест чырыстон нысан кæйу, ныхасууыл цæуы. Æмæ цымæ цавæр крест æрцауыгъта уыцы мексикайнаг?" Раст зæгъыс: крест чырыстоны нысан у. Фæлæ Ног Фæдзæхсты цы кресты кой ис бирæ хæттыты, уый - нæдæр сызгъæрин у, нæдæр æвзист, уæдæ хъæдæрмæгæй конд дæр нæу. Чырысти афтæ загъта: „Йæ крест йемæ чи нæ хæссы æмæ афтæмæй Мæ фæдыл чи цæуы, уый Мæн аккаг нæу (Мф. 10:38). Бæрæг у, ам Чырысти дзырдта зындзинæдтыл æмæ 341
æндæр ахсджиаг хъуыдцæгтыл, Хуыцауы хатыр кæм хъæуы, ахæмтыл. Иу миссионер афтæ радзырдта: иухатт, дам, Куадзæн бон фæцæйцыдтæн Аргъуаны рæзты. Æмæ йæ алыварс бирæ адæм æмызмæлд кодтой сæ уæййæгтимæ: мыдадзын цырæгътæ, кувæн чысыл чингуытæ æмæ алыхуызон æндæр базар бацыд йæ тæмæ- ны. Æхсæнмæ-æхсæнты рауай-бауай гæнгæ иу æвзонг лæппу та æлхæнджыты йæхимæ афтæ хъæргæнгæ æркæсын кодта: - Мæнмæ уын аслам крестытæ!.. Кæй хъæуы аслам кресты- тæ!.. Балхæнут аслам крестытæ!.. Нæ, мæ хур акæнат! Нæ Хуыцауыхайы крест, Голгофаг крест- аслам нæу. Чырысти Йæхæдæг Йæхи байтындзынмæ кæуыл радта адæмы сæрибардзинады тыххæй, дæлимоны æфсондзы бынæй адæймаджы суæгъд кæныны тыххæй, уый ницы хуызы у аслам крест. Фæлæ чырыстоны æнæчырыстонæй раиртасыны тыххæй хъуырыл крест æрцауындзыны тыххæй цы уайдзæфы ныхас зæгъыс, уымæн та дын дзуапп ратдзынæн Чырыстийæн Йæхи ныхæстæй: „Мæ ахуыргæнинæгтæ стут, уый уымæй базондзысты адæм æмæ кæрæдзиуыл баст куы уат уарзондзинадæй" (Ин. 13:34-35). Гъе уыцы миниуæгæй хъуамæ базонай уырнæджы æнæ уырнæгæй, дæ хъуырыл сызгъæрин кæнæ æвзист крест æрцауыгътай, уымæй нæ, фæлæ. КÆД, КÆМ, ЦАС? „...Дæ бон мын у цымæ зæгъын, фыццаг хатт баптисттæ кæд æмæ кæм фæзындысты? Стæй цымæ цас баисты ныр æгас дунейыТ’ „Баптист" ном амоны уырнындзинадмæ гæсгæ донæй аргъуыд. Сæ уырнындзинады бындур арæзт у Евангелийыл. Афтæ фидар- гонд æрцыд Никейы Соборы (æмбырд, съезд) 325-æм азы. Æмæ бирæ æнусты дæргъы паддзахадон аргъуан адæмæй Хуыцауы Ныхас кæй сусæг кодта, æцæг уырнæг адæм æфхæрд кæй æййæфтой, уымæ гæсгæ баптистты фыццаг аргъуантæ закъонæй 342
фæзындысты XVII æнусы Англисы æмæ Голландийы. Ныртæк- кæйы рæстæджы та баптистты фендзынæ зæххы къорийы алы кæрæтты дæр. Баптистты Æппæтдунеон Цæдисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ сæ нымæц хæццæ кæны 23 милуанмæ. Уыдонæй 20 милуаны цæрьг Америчы. Уыцы бæстæйы демократон цардæвæрд, дины сæри- бардзинад фадат дæттынц аргъуаны куыст парахат кæнынæн. Баптистты аргъуантæ Америчы ис 40 мины. Советон бæстæйы та æдæппæт фондз сæдæйы. Уæвгæ та, æвæдза, æппæтæй ахсджиагдæр у аргуанты нымæц нæ, фæлæ сæ куысты хæрзуаг. ЧЫРЫСТОН ДИН ÆМÆ УАРЗОНДЗИНАД „...Уарзын дæ Беседæтæ кæсын, фæлæ дын уый зæгъынмæ хъа- вын, Чырыстийы ахуырад мах цардæвæрды аккаг нæу, сæрæй-быи- мæ йæм лыстæг куы ’ркæсæм, уæд. Дзырдæн райсæм мæнæ ахæм цæвиттон: Чырыстийы ахуырад домы знæгты дæр уарзын. Æмæ чи уарзы йе ’знаджы? Уымæн уæвæн нæй. Ды дæхæдæг дæр нæ зæгъдзынæ, дезнæгтыуарзыс, зæгъгæ." Нæ зонын, знаг мын ис, нæй, уый. Фæлæ мын куы уаид, уæд архайын, цас мæ бон у, уый бæрц æй исты хуызы бауарзыныл. Æнæгæдыныхасæй, уый кæмфæнды дæр зын у, фæлæ æз кæуыл æууæндын, уыцы - Чырыстийы бон у знæгтæй хæлæрттæ кæнын. Знаджы бауарзын, - уый афтæ æмбарын хъæуы, дæхицæн дзы хæлар скæн. Чырыстон дин уарзондзинады цард у. Уымæ гæсгæ знаджы уарзын, гæнæн æмæ амал цæмæн нæй, ахæм хабар нæу, фæлæ у чырыстон лæджы сыгъдæг идеал. Æнæ уый чырыстон динæн уæвæн нæй. Знагмæ уарзондзинад кæм нæй, тæригъæдмæ та нæ уарзондзинад - уым чырыстон дин дæр нæй. Гъе уымæ гæсгæ чырыстон динæн иумæйагæй ницы ис æфсымæр марæн хæсты- тимæ. Мæнæн куы зæгъой: „Уæртæ де знаг... æмæ йæ агæрах кæн, - уæд мæ дзуапп уыдзæн: Чырысти мæн ахуыр кæны знаджы уарзыныл, йæ марыныл нæ, фæлæ. 343
ÆРГОМ НЫХАС „...Æргомæйуын зæгъын, исчи мын афтæ куы фæзæгъы:„Хуыцау мæ фервæзын кодта", зæгъгæ, уæд уыцы адæймагæй мæхæдæг фефсæрмы вæййын, мæ зæрдæ йыл тынг фæхуды. Уый та цавæр ныхасу: „Хуыцау мæ фервæзын кодта", куынæ дæ цард фæхуыздæр, куынæ дæ пайда фæфыядæр, стæй дæ кæрон цæмæ æрцæудзæн, уымæн дæр куы ницы æмбарыс, уæд кæцырдыгæй фæхуыздæр дæ цард?... Æцæгдæр, адæймаг, æдзух куыд цард, афтæ куы цæра, адæм сеппæт куыд цæрынц, афтæ, уымæй ма Хуыцаумæ чи нæ кувы, уыдоны хуызæн, уæд куыннæ уа ахæмтæм хъусын худинаг, Чырысти мæ фервæзын кодта, зæгъгæ. Фæлæ йæ цард Чырысти- йы номимæ чи райдыдта, Чырыстийыл зæрдæбынæй чи баууæн- дыд æмæ кæй уырна æнусон цард - уый æцæгдæр фервæзын кодта Чырысти. Чырысти загъта: „Мæ фыстæ хъусынц Мæ хъæ- лæсмæ, æмæ сæ зонын, цæуынц Мæ фæдыл, æмæ сын саккаг кæндзынæн æнусон цард æмæ никуы фесæфдзысты æмæ сæ никуы НИЧИ адавдзæн Мæ къухæй; Мæ Фыд, Мæнæн сæ ЧИ ра- дта, уымæй стырдæр ничи у æмæ сæ НИКÆЙЫ бон у Мæ Фыды къухæй адавын: Æз æмæ Мæ Фыд - стæм иу" (Ин. 10:28-30). Чырыстийыл ис баууæндæн. Уымæн Йæ дзырд Йæ хъуыд- дагæй нæ хицæн кæны. Ды цæуыл гуырысхо кæныс „Чырысти йæ фервæзын кодта", зæгъгæ, уымæн дын дзуапп ратдзынæн цæвиттонæй. Иукæддæр æнæхуыцау турист Индийы фембæлди чырыстон мæгуыр индусыл. Тынг диссаг æм фæкаст йæ зæрдæрухсдзинад Чырыстийæ. - Æрбайхъус ма мæм, мæ хæлар, - бадзырдта турист индусмæ, - æргом ма мын зæгъ, цы пайда дын у Чырысти? Исты ма мын бацамон, Чырысти дын хорзæй цы фæци? Дæ мæгуыры хъыс-хъыс куы цæуы, уæд?... - Фервæзын мæ кодта! - загъта индус. - Фервæзын, зæгъыс?! Уый та куыд æмбаргæ у? Индус загъта: 344
- Цом, æдте уынгмæ акæсæм, æмæ дын уым фенын кæндзы- нæн, „ирвæзын" цы амоны, уый. Индус рацыд кæртмæ, рамбырд кодта иу цасдæр хус сыф- тæртæ æмæ сæ равæрдта зиллаккыл. Стæй ссардта иу хъæндил æмæ йæ зиллаччы астæу æрæвæрдта, йæ дзыппæй систа спич- кæтæ æмæ сыфтæртыл арт бандзæрста. Арт пиллон суагъта. Хъæндил, мæгуырæг, катай фестад, йæхи раппар-баппар кæнын систа алырдæм, фæлæ судзгæ сыфтæрты зиллаккæй йæ бон ничердæм баци раирвæзын. Уæд индус арты сæрты йæ къух бадардта зиллаччы астæумæ, фæлæбурдта хъæндилмæ, раскъæ- фта йæ æмæ йæ æрæвæрдта цъæх кæрдæгыл, артæй дæрд- дзæфгомау. - Гъе, мæнæн дæр раст афтæ бакодта Чырысти. Фервæзын мæ кодта, - загъта индус æмæ йæ цæстыты рарттывта цины рухс. ЗÆХХЫ ЦÆХХ, ÆВИ ЗÆХХЫ БРОН? „... Чи Йыл æууæндыд, уыдонæн Чырысти загъта:„Сымах зæххы цæхх стут". Æмæ ныр дæу бафæрсынмæ хъавын: чи стут, сек- танттæ, зæххы цæххх, æви зæххы бронТ Уыцы фарстæн дзуапп уыдзæн, кæй цæсгом цы хъæцы, уый. Дæхи дæр бахъæудзæн дæ фарстæн дзуапп зæгъын, мæ хæлар. Йæхи удыл чи бавзæрста Хуыцауы тых, Хуыцауы фарнæй чи цæры, уый æнæмæнг уыдзæн „зæххы цæххыл" нымад. Ууыл æнцой кæны дуне æнæхъæнæй дæр. Æмæ Хуыцауæй бузныг, æгайтма уыцы „зæххы цæхх" нæма сихсыд нæ зæххæй. Фæлæ хъыгаг у, уыцы „цæххæй" бирæ байсысти дымгæмæ, бирæ ахауд йæ хъаруйæ æмæ уый хыгъд нæ зæххыл фæзынди брон. Фæлæ Евангели дарддæр дæр сиды æппæт чырыстæттæм, алы хуызы диныл хæст кæд сты, уæддæр, цæмæй сæхимæ ныфс райсой Сыгъдæг Уды хъаруйы фæрцы Чырыстийыл æвдисæн фарнæй фæхайджын уæвыны тыххæй, цæмæй тæригъæдджынтæ фервæ- зой, цæмæй уой зæххы цæхх. 345
ХЪУЫДЫ КÆНУТ АБОН „...Курын дæ æмæмынмауал æрвит Чырыстийы тыххæй фыст чингуытæ. Ницæмæн мæ хъæуынц. Хуыцауæй разы, æнæхъæн 58 азы фæцардтæн æнæ Чырысти æмæ дарддæр дæр фæцæрдзынæн. Цæмæн дæм афтæ кæсы, алчи дæр хъуамæ Чырыстийæн кува, Чырыстийыл æууæнда?..." Библи куыд фыссы, афтæмæй „Чырыстийыл чи не ууæнда, уый тæрхонгонд уыдзæн (Мрк. 16:16). Хъусыс, мæ хæлар? „Тæр- хонгонд уыдзæн!" Уыдон хуымæтæджы адæймаджы ныхæстæ, миййаг, не сты. Уыдон Хуыцауы дзыхæй рацæугæ сты. Дæ пис- момæ гæсгæ уыцы ныхæстæй де сæфт уыныс, дæ зæрдæмæ нæ хизынц. Фæлæ уый Æцæгдзинад у. Хуыцау дын абон фæдзæхсы, тæрхонгонд цæмæй ма ’рцæуай, уый. Йæ фæдзæхсты та уал æмбарын хъæуы хатыр. Дæ зæххон царды 58 азы - фурды тъепа. Ды, куыд адæймаг, райгуырдтæ æнусон цардæн. Æмæ дын уырдыгæй алидзæн ничердæм ис. Цæрын дæ бахъæудзæн æнустæм. Мæлæт, - уый æрмæстдæр у дæ цæрæнбынаты адрис аивын. Æмæ дын ис равзарыны бар: кæнæ Хуыцаумæ, кæнæ дæлимонтимæ. Уынаф- фæйы бар хауы дæуæн дæхимæ, куыд дæм хуыздæр кæсы, афтæ. Цæсты фæныкъуылдмæ дын дæ цард айсдзæн Хуыцау æмæ æнустæм дæр нал бауыдзæн дæ бон аирвæзын. Ууыл хъуыды кæн абон, цалынмæ ма аирвæзынæн фадат ис, уæдмæ. Æууæнд дæ Хицау Йесо Чырыстийыл æмæ ирвæзт уыдзынæ!" (Ап.хъ. 16:31). ЦЫ ХАБАР У, ЦÆМÆН АФТÆ? „...Мæ писмо дæм диссаг ма фæкæсæд. Æз райгуырдтæн пысыл- мон бинонты æхсæн. Æмæ мæм афтæ кæсы, раджы суыдаин чырыстон, фæндыди мæ, бæргæ, фæлæ уынын, æмæ чырыстæтты æхсæн бирæ фылдæр ис фыдгæнджытæ, давджытæ, марджытæ, пысылмæттæм та дзæвгар къаддæр. Цæрын япойнæгты æхсæн 346
Америчы æмæ дзы иунæг æвзæргæнæгыл дæр нæма амбæлдтæн. Сæ фæсивæд сты æнæсайд, уæздан, фæллойуарзæг. Сæ фарсмæ та аме- рикæгтæ сæхæдæг - цæстфæлдахджытæ. Алы ран фыдракæндыл архайынц, мæнæн фылдæр бантысайæ. Цы хабар у, цæмæн афтæ?..." Раст дын куы зæгъон, уæд Америчы цæрæг япойнаг фæси- вæды æхсæн дæр куыннæ ис фыдгæнджытæ, фæлæ америкæгтæй дзæвгар къаддæр. Уæвгæ та америкæгтæ чырыстæттæ сты. Æмæ хъуыддаг уый мидæг ис, чырыстоныл нымад чи цæуы, уыдонæй алчи æцæг чырыстон нæу. Проценттæй нымайгæйæ, пысылмæт- тæ Америчы тынг гыццыл цæры. Фæлæ сæ хицæнæй куы бани- майай, чырыстæтты æхсæн цал проценты æййафынц фыдгæн- джытæ, пысылмæтты, кæнæ будцистты æхсæн, уæд дзы бирæ хъауджыдæр нæ рауайдзæн. Чырысти дунемæ рахызти тæри- гъæдцжынты ирвæзын кæнынмæ (1 Тим. 1:15). Æмæ æцæгдæр ирвæзт чи баййæфта, æнæгæды чырыстон чи сси, уый цæры йæхицæн сабыр, æнæ искæйы хъыгдаргæ, æнæтæригъæд цардæй. Бæллæх уый у, æмæ ахæм адæмтæ дунейыл дзæвгар къаддæр ис, чырыстонæй чи райгуырд æмæ уыцы ном æрмæстдæр номхæс- сæнæн чи дары, уыдонæй. Æвæдза, ахæмты ныййарджытæ буд- дисттæй фесты зæгъгæ, уыдон дæр сæхи æвæстиатæй схониккой буддисттæ, кæнæ сæ ныййарджытæ атеисттæ куы уаиккой, уæд та уыдон дæр сæхи схониккой æнæхуыцæуттæ... Дæ фыдæлтæ цы диныл хæст сты, дæхи уыцы дингæнæгыл куы нымайай, сæрмагондæй дæхи уды тыххæй Хуыцаумæ нæ кувгæйæ, уæд уымæй ницы пайда ис, нæ дын феххуыс уыдзæн аирвæзынæн. Бирæтæ сты чырыстæттыл нымад, цæргæ та кæ- нынц муртаттæй фыддæр. Фæлæ уымæй къаддæр, лæмæгъдæр нæ кæны Евангелийы ахадындзинад, Евангелийы æвдыст æцæгдзинад. Мæ фæндæй дæу ногæй æркæсын хъæуы ацы хъуыддагмæ Евангелийы цæстæй æмæ дæ фылдæр æргом аздахын хъæуы Хуыцауимæ бафидауыны фарстамæ, дæ уд аирвæзын кæныны хъуыддагмæ. 347
ДÆХÆДÆГ ДÆХИЦÆН ФÆТÆРИГЪÆД КÆН... „...Зынаргъ æмбал! Фарстытæ дæм чи æрвиты, уыдоны æхсæн æвæццæгæн, ис зондджын адæмтæ дæр. Дæ фæндонтæ иууылдæр уымæ цæуынц, æмæ адæймагæн æнæ Хуыцауыл æууæндгæ фæцæрæн нæй. Афтæмæй та милуангæйттæ цардысты, ныр дæр цæрынц æмæ цæрдзысты Хуыцауыл не ’ууæндгæйæ, стæй Хуыцаумæ кувы- нæй чи бафæллад, уыдонæй æвзæрдæр нæ. Мæнмæ гæсгæ та дин адæмæн сæ сæры зонд дызгъуым кæны, сæ ныфс сын сæтты хуыздæр цардмæ тохы. Æз дын тæригъæд кæнын, тынг тæригъæд, дæ тыхтæ æнæпайда, æнæхъуаджы хъуыддагыл кæй хардз кæныс, уый тыххæй. Гъеуый дæм фыссинаг уыдтæн рагæй дæр...и Мæнмæ афтæ кæсы, æфсымæр, æмæ уал æппæты фыццаг дæхицæн куы фæтæригъæд кæнис, дæ мæгуыр удæн. Уымæн æмæ Хуыцауыл не ’ууæндынæй æбуалгъдæр бæллæх адæймагæн нæй. Æз ацы ныхæстæ фыссын мæхи царды фæлтæрдзинадæй, мæхæдæг цы бавзæрстон, уый бамбаргæйæ. Стæй æнæ Хуы- цауæй канд зын цæрæн нæу, фæлæ ма тынг тæссаг дæр æмæ фыддзинад дæр. Дæумæ гæсгæ дин адæмы сæрызонд дзæгъæл кæны, гали- уырдæм сæ ардауы. Чи зоны? Кæд уæм алыхуызон таурæгътæ æмæ аргъæуттæ диныл нымад сты, уæд. Фæлæ æцæг дин та у Хуыцауыл æууæнк. Евангели бынтон æндæр хъуыддаг у. Еванге- ли адæймагæн раргом кæны Хуыцауы уарзондзинад, дун-дунейы йас стыр, тыхджын æмæ фурды æрфæн уарзондзинад. Зын бам- барæн у уыйас егъау уарзондзинад. Уый зæрдæмæ айсæн ис æрмæст уырнындзинадæй, стæй йæ аппарæн дæр ис афтæ, зæр- дæмæ йæ хæстæг нæ райсгæйæ. Фæлæ куыд тынг рæдийыс, Хуыцауы уарзондзинад дæхимæ хæстæг кæй нæ уадзыс, дæ зæрдæмæ йæ кæй нæ исыс, уымæй! Нæ дæ фæнды нæдæр йæ бамбарын, нæдæр йæ бафиппайын. Фæлварыс æрмæстдæр æнæ Хуыцауæй цæрын. Цы гæнæн ис, куыд фæзæгъынц, тыхджын цы нæ кæны, лæмæгъ цы нæ бары. Чи зоны, æмæ дын бантыса дæхи уды ахъазæй цæрын, фæлæ хæстæг у фæстаг сахат, хъысмæт лыггæнæн сахат, æмæ уæд 348
фендзынæ, куыд æхсызгон хъуыди Ирвæзынгæнæг Йесо Чы- рысти! Фæлтау ахъуыды кæн, æрыхъус дæхи зæрдæмæ, дæ цæсгомы æфсарммæ. Æрвтæ хъусын кæнынц Хуыцауы кад. Æрдз дзуры Йе Сфæлдисæгыл. Раст нæ дæ, дин адæмы ныфс сæтты хуыздæр цардмæ тохы, зæгъгæ, кæй хъуыды кæныс, уымæй. Æцæгдзинадæй та æрмæстдæр уырнæг адæймагæн у йæ бон хъазуатæй тох кæнын хуыздæр цардыл. Æмæ тох та кæны йæхæдæг иунæгæй нæ, фæлæ Чырыстиимæ иумæ, æмцæдисæй æмæ фæуæлахиз вæййы йæ тæригъæдыл дæр, дæлимоныл дæр. Æнæхуыцау адæймаджы уд та тæригъæды дзæмбыты ныцъцъист вæййы, бындз хæлуарæ- джы тыны куы бахауа, уыйау. Ахæм адæймаджы, хæдмæл кæсагау, дон йæ сæрмæ сисы æмæ чысылгай æнæ зынгæйæ свæййы Хуыцауы ныхмæ тохгæнæджы уацайраг. Æнæ Чырысти, æнæ Хуыцауыл æууæндгæйæ, ничи ма фæуæлахиз йæ тæригъæдтыл. Тæригъæдты уаргъимæ та, æвæдза, никæмæн уыдзæн адджын йæ цард, цыфæнды бонджын, цыфæнды хъæздыг куы уа, уæддæр. Уымæн хорз æвдисæн у Аме- рикæ, сæрибардзинад æмæ бухъцард æнæхуыцæуттæн æфхæрды хос куыд фæвæййы, уый. Баууæндут Евангелийыл, куыд Хуыцауы Ныхасыл, Чыры- стийæн фадат радтут уæ удтæ ссæрибар кæнынæн æмæ уын фæндаг байгом кæндзæн ног цардмæ, цинæй уæ зæрдæтæ кæм ныррухс уыдзысты, ахæм бæллиццаг цардмæ. КÆМÆЙССАРДÆУА? „...Ды фыссыс, уæларвон дзæнæтмæ бахауыны тыххæй хи æрæхсын хъæуы Чырыстийы тугæй. Мæ бон фенын у ахæм тугæй æхсад адæймæгтæ, уæд та 2-3 лæджы, æви нæ?" Уый зын ссарæн нæу. Стæй 2-3 лæджы дæр нæ, фæлæ мин- гæйттæ. Бацу иу æгас аргъуанмæ, кæм хъуыстгонд цæуы фæс- мон, кæм Йесо Чырыстийы номæй ирвæзынц тæригъæдджын- 349
тæ. Уым сæ фендзынæ. Æмæ уым фендзынæ, кæй зæгъын æй хъæуы, иуыл „зæдтæ" нæ уыдзысты, фæлæ хуымæтæджы зæххон адæм, сæ тæригъæдтæй чи асыгъдæг æмæ Хуыцауы фарнæй аирвæзыныл йæ зæрдæ чи дары, ахæмты. ЧИУАХХОСДЖЫН? „...Алы газетты немыцаг фыдгæнджыты æбуалгъы хабæрттæ кæсгæйæ, рынчынау фæдæн. Æрмæст Аушвицы лагер хъахъхъæн- джыты диссæгтæ дæр сæхæдæг сты зæрдæ аскъуыныны фаг. Æрхъуыды кæнут, нæ ауæрстой сывæллæттыл дæр. Дзуттаг сабиты удæгасæй æппæрстой пиллон артмæ!... Уый дæр ма æгъ- гъæд нæуыд, фæлæ дзуттаг рæсугъд сылгоймæгты æвзæрстой æмæ сæ хынджылæг кодтой. Æмæ сфæнд кодтон дæу бафæрсын, Хуыцау куыд бауагъта ахæм фыдмитæ?" Нациты хъæддаг митæй æмризæджы рызтысты æппæт дæр, дзуттæгтæ та - уæлдайдæр. Гитлер йæ размæ сæвæрдта дзуттаг адæмы хатты бындзагъд ныккæныны хæс. Æмæ æвæдза, Хуыцау кæрон не скодта уыцы хъуыддагæн, абон иунæг дзуттаг дæр уæлæуыл нал уаид. Нациты фыдмиты Хуыцауы аххосгæнæн никæцыран ис. Уымæн æмæ нацизм у, Хуыцауыл кæй не ууæндынц, уымæй равзæргæ. Гитлеры æфсæдтæн уæддæр нæ бантыст дзутты бын- дзагъд ныккæнын, Хуыцауы ахъазæй ма дзы чысыл уæддæр аирвæзт. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ адæм „фыдбылыз" кæй фæхо- нынц, уымæй стыр хайджын сты дзуттаг адæм. Уый сæхæдæг сæхи дзыхæй загътой Чырыстийы æмæ Пилаты цæсгомы раз. Римаг фыдлæг Пилат æппæт мадзæлттæй дæр архайдта Йесойы ссæрибар кæныныл, ницы аххосаг æм ардта Йæ уæнгтæй Йæ байтындзыны онг. Дзуттаг адæмы æмбырдты, дзыллæйы цæсты цур Пилат йæ фыдгæндыл нал басаст æмæ загъта: „Ацы рæстуды туджы æз аххосджын нæ дæн. Уæхæдæг уынут". Фæлæ æнæгæды дзуттаг евангелист Матфей дарддæр дзырдта: „Æмæ дзуаппæн 350
АДÆМ ÆМХУЫЗОНÆЙ загътой: Йæ туг махыл æмæ нæ цотыл" (Мф. 27:24-25). Рæстдзинадыл дзурæг дзуттæгтæ æмдзыхæй зæгъынц, æппæт æфхæрæнтæ æмæ фыдбылызтæ сæ сæр уымæн æййафы, æмæ Хуыцауæй фæиппæрд сты, æцæгдзинадæй фæиуварс æмæ гъе, уый аххосæй. Ныр Герман йæ хæс фиды фыдмиты тыххæй. Хуыцау хатыргæнаг у уæдцæр. Библи зæгъы, кæд дзуттæгтæ Чырыстийы нæ райстой, уæдцæр баззайæггаг ирвæзт æрцæудзæн (Ром. 9:27). Æрбахæццæ кæны уыцы бон, алы цæст дæр Чыыр- стийы куы фендзæн, суанг ма Йæ чи байтыгъта, уыдон дæр. Дзутты бындзагъд кæныныл чи архайдта, уыцы æнæхуыцау адæм сæхæдæг цагъды фæуыдзысты алчи йæхи рæстæджы. Æрмæстдæр фæсмон аирвæзын кæндзæн ахæм фыдгулты фидæ- ны тæрхонæй, æнусон хъаймæтæй. АБОН „,..Иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыстон, адзалæн куыд ис æмгъуыд, афтæ Хуыцау сæмгъуыд кæны тæригъæдтыл фæсмоны бон дæр. Æмæ цалынмæ уыцы бон æрхæццæ уа, уæдмæ цасфæнды фæдзур, уæддæр ницы давынц, ничи фæсмон кæны йæ тæригъæд- тыл æнæ йæхи æмгъуыд; уый куы зонис, уæд раджы ныхъхъуыдты уагътаис дæ дзæгъæл фыдæбæттæ пропагандæйыл". Нæ мæ фæнды, дæ зæрдæ мыл фæхуда исты æфхæрæн ныха- сæй, уый. Фæлæ дын æргом куы зæгъон, уæд мын ахæм фæнд, ома, Евангели ферох кæныны фæнд бакæнид æрмæстдæр дæлимон. Хатгай уый йæ фæндтæ фæдзуры зынгæ-уынгæ лæгты дзыхæй. Нæдæр Рагон Фæдзæхсты, нæдæр Ноджы никæцыран ис ахæм амынд, Хуыцау адæймагæн Йæхæдæг сæмгъуыд кæна фæсмоны бон æмæ сахат. Хуыцауы Ныхас бынтон æндæр хуызы дзуры: „Æмæ афтæ, ныууадзгæйæ не ’мбарыны афонтæ, Хуыцау ныр сеппæт адæмæн алы ран амоны фæсмон фæкæнын" (Д.А. 17:30). Дарддæр ма Библи зæгъы: „Мæнæ гъеныр у хорз афон, мæнæ гъеныр у ирвæзыны бон" (2 Кор. 6:2). 351
Дзырдтæ „ныртæккæ", „ныр" - амонынц абон, æвæстиатæй, æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ. Дард æмгъуыдтæ чи кæны Хуыцауимæ бафидауыны тыххæй, бæлвырд цавæрдæр бонмæ, Хуыцауы нысангонд рæстæгмæ, уый афтæ баззайдзæн æнæ фидыдæй, æнæ фæсмонæй æмæ æнæ ’ ирвæзтæй. Ахæмтæ та адæмы æхсæн милуангæйттæ сты. Тагъд чи нæ кæны, уыдонæн кæддæриддæр байрæджы вæййы. Уыцы æмбисонд дыл ма æрцæуæд, мæ хæлар! ЦЫ ПАЙДА У? „...Дæ Беседæтæ куы фæкæсын, уæд мæ алкæд дæр бафæрсын фæфæнды: цы пайда у адæмы Хуыцаумæ хонын, адæмы фыддзинад фылдæр йедтæмæ къаддæр куынæ кæны, уæд? Ам Беседæтæ ницæ- мæн хъæуы, фæлæ æрхъуыды хъæуы цавæрдæр цæхгæр мадзæлттæ адæмы сæ чемы сбадын кæныны тыххæй... Ды та куыд зæгъыс?" „Дзыллæйы фыддзинæдтæ" скуынæг кæнынæн æндæр исты цæхгæр мадзæлттæ æз нæ зонын. Зæгъинаг та уый дæн, æмæ евангели æмæ Хуыцауы тых куынæ уаиккой, Чырыстийы фар- нæй адæмы тæригъæдтæ куынæ сыгъдæг кæниккой, уæд дуне йæхæдæг йæхи раджы ныххафтаид бындзарæй. НÆ, АФТÆ НÆУ... „...Чырыстæттæ бирæуарзынц уды кой кæнын, иудадзыг æппæ- лынц, чырыстон лæг ахæм у, уыхæм у. Афтæмæй ахæм хъæбæр- зæрдæ адæмыл никуыма сæмбæлдтæн. Ды та куыд зæгъыс? Афтæ нæу?.." Нæ, мæ хур акæнай, афтæ нæу. Хъæбæрзæрдæтыл ды амбæл- дтæ чырыстæттæм нæ, фæлæ чырыстоны номæй хонгæ кæй кæ- нынц, уыдоныл. Æмтгæй райсгæйæ, чырыстæттæй афтæ зæгъæн нæй. Фæвæййы дзы искуы-иутæ æцæгдæр дурзæрдæтæ. Тынг 352
хъыгаг у бæргæ. Æгад кæнынц æппæт чырыстæтты дæр ма. Æнæ- гæды æцæг чырыстæтты кæддæриддæр базондзынæ сæ фæл- мæнзæрдæйы хаттæй, сæ цæстуарзондзинадæй, кæрдзындæтто- нæй. Ахæм миниуджытыл ахуыр кæнынц Чырыстимæ. Æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Ды бавдæлдтæ æмæ 2-3 адæймаджы царды уагæй скодтай æппæтæн дæр иу хатдзæг, зонын та хъæуы, ис æцæг чырыстæттæ, æмæ куыд фæзæгъынц, цæстмæ хи æвди- сыны руаджы йæхи чырыстон чи хоны, ахæмтæ. ЧИУДАВÆГ? „...Уе стыр Хуыцау хорз миног нæ ныууагъта адæмæн. Бавдæлд æмæ бафынæй кодта Адамы æмæ йын фынæйæ систа йæ фæрск. Уый давд нæ хуыйны, уæдæ цы?.." Дæ фарст у табуйаг æфхæрæны ныхас. Фæлæ йын дзуапп уæддæр ратдзынæн. Адам зæххон адæймаг нæу, фæлæ Хуыцауы бæрны уæвæг, Хуыцау ын систа йæ фæрсджытæй иу, куыд хорз хирург, бафынæй йæ кодта, афтæмæй йæ рыст цæмæй ма бамба- ра, æвæццæгæн уый тыххæй. Фæлæ дын зæгъон: дæ хæдзармæ дын исчи куы бацæуид, ды фынæй дæ, афтæмæй, æмæ де ’взист кæрдтæ æмæ вилкæтæ, уый- дгуытæ æмæ æндæртæ куы рахæссид, сæ бæсты сын сызгъæрин мигæнæнтæ ныууадзгæйæ, уæд æвæццæгæн, уый давд не схонис. Хуыцау систа Адамы фæрск æмæ йын радта æххуысгæнæг - йæхи буарæй конд сылгоймаг æмбал („Æмæ уыдзысты дыууæйæ иу буар"). Ахъуыды ма кæнут, адæймаг йæхицæн Хуыцауæй ссивы зæххон бирæ цардыхостæ, пайда сæ кæны æбузныгæй, фæлæ йын цард чи балæвар кодта, уыцы Хуыцауæн, йæ Рафæлдисæгæн арфæ нæ кæны. 353
ХОРЗ УЫНАФФÆ „...Мæнмæ гæсгæ адæмы фарстытæн дзуапп дæтгæйæ, дæу фылдæр æвдисæйнæгтæ хæссын хъæуы Библийæ. Уæд дыл адæймаг тагъддæр баууæнддзæн..." Стыр бузныг дæ хорз фæндæй. Фæлæ алы хатт алы хабары Библийæ спайдагæнæн нæ вæййы. Фæрсгæ чи кæны, уыдоны куы- нæ уырна, Библи Хуыцауæй у, уый, уæд ын цасфæнды дæр æрхæсс цитаттæ Библийæ, æмæ йæм хъаргæ дæр нæ бакæндзысты. Ахæм адæмæн цитаттæ ницы сты, фæлæ сын кæй амоныс, уыцы æрмæг хъуамæ арæзт уа факттæй, сыгъдæг аргументтæй æмæ æппындæр æндæр исчердæм фæзилæн кæмæн нæй, ахæм хъуыдытæй. Библи- йыл чи не ууæнды, уымæн цитаттæй æнæхъæн газет куы байдзаг кæнай, уæддæр уæлдай нæ фæуыдзæн. Ахæмы хъæуы факттæ, бæлвырд бæрæггæнæнтæ. Ныхæстæ йæм нæ хъарынц. Библийыл чи æууæнды, ахæмтæн та дæ уынаффæ - иттæг хорз æмæ мæхи хъардзынæн, ды куыд зæгъыс, афтæ. Библийæ хуыздæр æмæ растдæр та чи хъуамæ зæгъа! Фæлæ йыл алчи кæй не ууæнды, йæ бæллæх уый мидæг ис. КУЫД ÆМБАРГÆ У? „...Куыд æмбарын хъæуы Рим. 12:20 фыст ныхæстæ: знагæн хорз фæуын у йæ сæрыл ын судзгæ цæхæр акалынГ Ды, æвæццæгæн, гуырысхо кæныс „судзгæ цæхæрыл". Йæ бамбарынæн æххуыс у пахуымпар Павелы ахæм стих: „Фыд- дзинадыл уæлахиз кæн хæрзаудæнæй". Знагмæ уарзон цæстæй куы акæсай, хорз ын куы фæуай, уæд уымæй артау басудзынц йæ сæры фыдвæндтæ. Æххормаг зна- джы бафсад, йæ дойны йын фаг донæй басæтт, йæхæдæг æнхъæл куыд нæу, афтæ, уымæй йын йæ уазал зæрдæ æртайын кæн- дзынæ, их артмæ куыд æртайы, афтæ. Исчи дæм куы баздæха, куы дæ бафхæра, уæд дæхи ма ныхъ- 354
хъус кæн æмæ ног чындзы лæуд ма скæн. Фæлтау ын йæ зæрдæ истæмæй балхæн, барухс кæн. Гъе, уый уыдзæн „сырх зынгтæ" знаджы сæрыл. Уайтагъд йæ фыдæх фæцыдæр уыдзæн, зынгты уæлæ их атайæгау. Кæддæр æз фехъуыстон иу ахæм худæг радзырд. Иу сылгой- маг куы бафарста аргъуаны хистæры, цы хуызы ис сраст кæнæн йæ æнæуырнæг лæджы, зæгъгæ, кæцы уыди дæрзæг, æгъатыр, арæх хыл кодта, уæд æй аргъуаны хистæр бафарста: „Æмæ судзгæ цæхæр" нæ бафæлвæрттай? „Нæ, - загъта сылгоймаг, „судзгæ цæхæр" нæ бафæлвæрттон, фæлæ йыл дыууæ хатты фыцгæ дон бакалдтон..." Хъыгагæн, афтæмæй бирæтæ амал кæнынц се ’знæгтæй хæлæрттæ скæныныл. Амал кæнынц æмæ сын нæ уайы. Апостол Павелы уынаффæтæ сты бæрæггонд царды æмæ сты æххæст, уымæн æмæ сты - Хуыцауы дзырд. ИЕГОВÆ-ХÆСТОН ЛÆГ У" „...Библи кæсгæйæ, бамбæрстон, Хуыцаууарзы хæст. Фыст дæр ма дзы суанг ис: „Иегова - хæстон лæг". Æз мæхæдг дунеон дыууæ хæсты хъизæмæрттæ бавзæрстон æмæ хæст чиуарзы, ахæм Хуы- цауыл зын баууæндæн у. Æз дæр уæдæ фæсте нæ баззадтæн, федтон дунеон дыккаг хæсты цæхæртæ. Æмæ æз дæр не ’ууæндын ахæм Хуыацуыл, хæст чи уарзы. Æз æууæндын сабырдзинады Хуыцауыл, тæри- гъæдджынты чи уарзы æмæ уыцы уарзондзинад Йæ Фырт Йесо Чырыстийы мидæг чи равдыста, уыцы Хуыацуыл. Фæлæ уарзын - уый афтæ нæ амоны, дæ цæстытæ бацъынд кæн, тæригъæд, гæлиудзинад цæмæй ма фенай, уый тыххæй. Хæст равзæры, адæймаджы зæрдæйы цы тæригъæдтæ ис, йæ зондахасты цы галиу хъуыдытæ ис, уыдоны аххосæй. Хуыцау тох кæны уыцы тæригъæдты ныхмæ, æмæ уый тыххæй Иегова у-хæстон лæг"? 355
Хуыцау, кæдцæриддæр у туг калыны ныхмæ. Æмæ кæд Хуы- цау адæмы бафхæрдта хъаймæтæй, Содом æмæ Гоморрæйы удтæ < сыскъуыдта, уæд уый уыди рæстдзинады охыл. Хуыцау уал раздæр бафæдзæхсы, адæммæ сиды фæсмон фæкæнынмæ, цы галиу æнаккаг митæ бакодтой, уыдоны тыххæй, сæ фыдæхдзи- над ферох кæныны тыххæй, алымыггаг гуымирытæн нал кувы- ны тыххæй, рæствæндагыл, Хуыцауæн Йæхи амынд фæндагыл æрлæууыны тыххæй. Æмæ, æвæдза, уыдæттæй ницы уайы, уæд хивæнд æгоммæгæс адæмæн рауадзы тæрхæттæ, кæмæн куыд æмбæлы, афтæ, чи дзы цы аккаг у, уымæ гæсгæ. Уырны мæ, æнæхуыцау адæммæ уыдæттæ фæкæсдзысты аргъæутты хуызæн, фæлæ сты Хуыцауы Æцæгад. НАЦИТЫ ТЫХХÆЙ „...Æппæт фыдбылызтæ ацы дунейыл цæуынц, адæм алыхуызон нацитыа дих кæй сты, уый аххосæй. Се ’ппæт иу наци куыуаиккой æмæ иу паддзахад, уæд хæстæн йæ кой дæр нæ уаид. Иу хатт мæм ахæм хъуыды æрцыд: мæрдтæ искуы, миййаг, куы райгасуой, уыры- ссæгтæ фæстæмæуырыссæгтæй, сомихæгтæ- сомихæгтæй, дзут- тæгтæ - дзуттæгтæй, уæд та фæстæмæ кæрæдзи æдтæг-мидæг ауайдзысты æмæ та зæгъдтытæ, хæстытæ сцренуыдзысты..." Мæрдтæ æнæмæнг РАЙГАС УЫДЗЫСТЫ æппын æнæ дызæр- дыгæй. Фæлæ хæст уæд нал уыдзæн, уымæн æмæ Чырыстийы хуызæн чи райгас уа, уыдон уыдзысты Чырыстийæн Йæхи хуы- зæн. Афтæ зæгъы Библи (1 Ин. 3:2). Куы райгас уой (сæ удтæ), уæд нацитæ нал уыдзæн, райдианы дæр куыд нæ уыд, афтæ. Уырнæд уæ уый æнæгуырысхойæ æмæ цæрдзысты амондджын. ХЪÆЗДГУЫТЫ ТЫХХÆЙ „...Фæндид мæ, бæргæ, уæ газеты уæд та иунæг хатт уæддæр хъæздгуыты æмæ миллионерты тыххæй исты бакæсын. Чырысти 356
та сæуæдæ дæрæн куы кодта Йæ тых, Йæ бонæй, уæд сымахуæхи куы ныхьхъус кодтат..." Дæумæ гæсгæ цы у æцæгдзинад? Чырысти хъæздгуыты сæ исбоны тыххæй нæ дæрæн кодта, фæлæ уд ирвæзын кæнынмæ куыдфæнды цæстæй кæй кастысты, уый тыххæй. Йесо амыдта, хъæздгуытæн Уæларвон Падцзахадмæ бахауын зын цæмæн у, уый. Сæ зæрдæ, дам, сæ исбонимæ баст у æмæ се сæфт уый аххос у. Æндæр ран та Чырысти хъæздгуыты схуыдта æдылытæ, сæ хъæздыгдзинады тыххæй нæ, фæлæ сæ хъару бынтæ кæныныл кæй хардз кодтой, уды ирвæзын кæныны бæсты, уый тыххæй. Уыцы амынддзинæдтæ зонды хос сты мæгуыртæн дæр. Библи адæймаджы нæ фауы, хъæздыг кæй у, уый тыххæй, йæ исбон кæд йæхи уды фæллой у, уæд. Æппæт фыдбылызты уидаг æхцатæ сæхæдæг не сты, фæлæ „æхцатæм цыбæлдзинад" (1 Тим. 6:6-11). КЪÆРТТ ТА МА ЙÆ ЦÆМÆН ХЪÆУЫ „...Библийы афтæ фыст ис, зæгъгæ, Хуыцау алкæмæн дæррадта æмгъуыд, йæ адзал кæдмæ амынд у, уымæй фылдæр иунæг сахат дæр нæ фæцæрдзæн. Æмæ уæдæ рак-низæй чи басæйы, уый ма дох- тыртæ цæмæн фæкъæрттытæ кæнынц, кæд йе ’мгъуыдæй уæлдай нæ фæцæрдзæнн, уæд?..." Рæдийыс, æфсымæр! Ам архайæг сты Хуыцау дæр æмæ адæм сæхæдæг дæр. Хуыцауæн рагагъоммæ бирæ раздæр зындгонд у, кæцы адæймаг цас фæцæрдзæн зæххыл, уый. Нæ бонтæ нын Хуыцау банымадта нæ райгуырыны размæ. Фæлæ цал боны сты, уый никæмæн хъæр кæны, сусæггонд у. Æмæ куыннæ уаид уый фыдбылызы хос, æз куы зæгъин: „Кæд æмæ мын Хуыцау нымад бонтæ радта цæрынæн, уæд мæхи хъахъхъæнон, нæ хъахъхъæнон, машинæйы бынмæ куы бырон, уæддæр мыл ницы æрцæудзæн, æнæ мæхи æмгъуыд мæ Хуыцау 357
нæ айсдзæн..." Фыдæлтæй та хуымæтæджы нæ баззад ахæм æмбисонд: Хуыцауы разæй дæр дæхи дæхæдæг хъахъхъæн. Рох дæ ма уæд, медицинæ æмæ хирурги дæр Хуыцауæй лæвæрд сты. УÆХИ ХЪАХЪХЪÆНУТ! „...Библийы бакасттæн, Вавилоны мæсыг куыд амадтой æмæ аразджытæ кæрæдзи куыд нæуал æмбæрстой, стæй фæйнæрдæм куыд фæлыгъдысты æмæ алы æезагæй дзурын куыд байдыдтой, уый тыххæй. Куыннæууый худæджы аргъау, фæлæ кæйуырны, ахæм- тæдæр ис..." Мæнæ æз мæхæдæг уыдонæй иу. Хуыцау, куыд æппæт дуне рафæлдисæн, Йæ бон алцыдæр у, цыдæриддæр æй бафæнда, уый. Æмæ уæ Хуыцауы Ныхасыл фæхудын фæнды? Уæхиуыл фæхæцут. Худт кæуынмæ дæр арæх расайы. Хуыцау Йæхæдæг ахуддзæн, Хуыцауы æргом ныхасы абон худинагимæ чи ссардта, уыдоныл. Уырны мæ, Библи раст зæгъы, райдианты æппæт дзыллæтæ дæр дзырдтой иу æвзагæй, хицæн нацитæ дзы нæ уыд, сеппæт дæр кæрæдзи æмбæрстой. Ахуыргæндтæ раиртæстой, адæм сеппæт дæр кæй равзæрды- сты иу уидагæй, иу бындзарæй, сеппæтæн дæр уыд æвзаг æмæ уымæй мин азты дæргъы рахицæнтæ сты алыхуызон æвзæгтæ æмæ ныхасы здæхтытæ. Уый Библийы теорийы ныхмæ, миййаг, цæуы? Æппындæр нæ! Ныртæккæйы уырыссаг æвзаг арæзт цыди сæдæгай азты дæргъы æмæ абон дæр цæуы хуыздæргæнгæ. Библи та афтæ зæгъы; Вавилоны мæсыгæн йæ арæзтад рæстмæ куынæ фæци, уæд Хуыцау адæмы ахæлиу кодта алы рæттæм æмæ дзы алкæ- мæн дæр саккаг кодта йæхи сæрмагонд æвзаг, кæцы уæдæй фæстæмæ цæуы сыгъдæггæнгæ, аивдæргæнгæ. Уый стыр диссаг куыннæ у, аргъау нæ, фæлæ диссаг факттæй, хъуыдытæй! 358
Кæд æмæ абон психиатртæн сæ бон у гипнозæй адæмæн батых кæнын, се ’взаг сæ куыд ферох уа, афтæ, уæд дун-дуне Рафæлдисæгæн Йæ бон цæуылнæ уыди рагзаманты, æваст адæм кæрæдзи цæмæй мауал æмбарой, афтæ бакæнын! Дæ хъуыдытæм гæсгæ, ды Хуыцауы æртардтай адæймаджы онг, стæй ма уымæй дæр дæлдæр. Æмæ дæ гъе, уый нæ уадзы Хуыацуыл æууæндын. Хуыцауы бафæндыд, мæсыг аразджытæй йæхиуыл чи фер- вæссыд æмæ чи схъал, уыдоны фæкъуыхцы кæнын. Æмæ тынг раст рауад Йæ фæнд. Абон Индийы цæрæг 400 милуан адæймаджы дзурынц 179 æвзагыл æмæ диалектыл; Британийы энциклопедийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ныртæк- кæ адæм дзурынц 2760 æвзагыл. Уæвгæ та сеппæт дæр равзæрды- сты цалдæр сæйраг æвзагæй, Вавилоны мæсыг куы фехæлд, уæд алы рæттæм хæлиугонд адæмыхæттытæн Хуыцау цы цалдæр æвзаджы саккаг кодта, уыдонæй. Уыцы хъуыддаджы бæлвырд хабæрттæ Библи махæн нæ дзуры, фæлæ дзы цы бакастыстæм, ууыл та хъæуы æууæндын æнæгуырысхойæ. РУХС ДАРЫ ÆМÆ ТАВЫ „...Ме ’нæзонгæ хæлар! Фарн дæм бадзурæд, фæлæ алыран кæй кой кæныс, уыцы Библи тынг базæронд, дызæрдыггаг бынæттæ дзы бирæ ис. Ноджы ма йыл сæ кьух адардтой дзуттæгтæ дæр, æцæг сионисттæ. Библи сæ райс-бавæры чиныг кæмæну, уыдон та йæ дæлæмæ дæр нæ уадзынц, Хуыцауæн Йæхи Ныхас у, зæгъгæ. Фæлæ кæй бон у æцæгдзинад раргом кæнынГ Бæргæ! Æмæ адæм æппынфæстаг куы бамбариккой, дунейыл зыбыты иунæг чиныг йедтæмæ адæймагæн сæрибардзинадмæ фæндаг ничи амоны, уый! Адæймаджы æмæ гражданины барты деклараци зæгъай, конституци, коммунистон манифест, - цыфæнды диссаг стыр документ куы райсай, уæддæр дзы Еван- 359
гели йедтæмæ адæймаджы ничи сæрибар кæны йæ тæригъæд- тæй, фыдцзинæдтæй, фыдахуырæй. Уыдæттæй йæ фæиртас- гæйæ, Евангели адæймаджы зонд бабæтты Чырыстиимæ, нæ иунæг Ирвæзынгæнæгимæ. Иу рагон куырыхон лæг афтæ загъта: „Евангели раргом кæны æнæзæрондгæнгæ æцæгдзинад, æнæкæрон хъæздыгдзинад, æнæ- мынæггæнгæ циндзинад, ныфс бавæры æнæкæрон стыр хъыджы бахауæгæн, удгоймагæй федте кæны цавæрфæнды тасдзинад æмæ зæрдæ бавæры æнусон цардмæ фарны фæндаг байгом кæнынæй кæмæндæридцæр". Дыргъ уæйгæнæг сылгоймаг иукæддæр балхæдта Библи æмæ йæ касти æдзухдæр, йæ дыргъты раз бадгæйæ. Æлхæнджытæй йæ чидæр бафарста: „Цавæр чиныг кæсыс, бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ?" - „Хуыцауы Ныхас", - дзуапп радта сылгоймаг. „Æмæ дæ бон фидарæй зæгъын у, уый æцæгдæр Хуыцауы Ныхас у, уый?" - Сылгоймаг хæрдмæ скаст, æмæ æлхæнæджы фæрсы: - Дæ бон мын фидарæй зæгъын у, уæле рухс чи дары, уый хур у, æви æндæр исты у, уый?" - Уæд цæмæн? - дисгæнгæ загъта æлхæнæг. Йæ хуыздæр æвдисæн табуафси: рухс дары æмæ мах тавы. - Раст зæгъыс, - дзуапп радта сылгоймаг. - Уæдæ Библи дæр æцæг Хуыцауы Ныхас кæй у, уымæн йæ хуыздæр æвдисæн - мæ зæрдæ, мæ уд; рухс мын дары мæ зæрдæ, тавы мын мæ уд. - Рагон заманты Библи сæ къухы æфтыд æрмæст хъæздгуы- тæн. Къухæй фыст Библийæн (мыхуыр уæд нæма фæзынд) рай- диан æнусты, йæ аргъ уыд фынддæс азы куысты мызд. Ныр табуафси, Библи дæ бон у лæвар райсын, æхца дæм куынæ уа, уæддæр. Самал кæнут Библийы чиныг æмæ йæ лæмбынæг, чысылгай кæсут, Ног Фæдзæхстæй райдайгæйæ, æнæ бамбаргæ дзы куыд ницы ауадзат, афтæ. АХСДЖИАГ ФАРСТА „...Фæнды мæ базонын: чырыстæттæн къухæй конд иконæтæм кувын æмбæлы, æви нæ?" 360
Адæймаг æрдзæй рахаста истæмæ кувын, цæмæндæр табу кæнын. Æмæ уымæ гæсгæ Хуыцауы сæхицæн ныв кодтой, кæмæн йæ цæстытыл куыд уади, ахæм хуызы. Уæвгæ та нæ зыд- той, уыцы иунæг Хуыцау цы æнгæс у, уый. Алчи йæ æмбæрста йæхи ’рдыгонау. Уый Хуыцауæн фæхъыг. Уымæ гæсгæ Хуыцауы закъон бацамыдта афтæ: „Не делай себе кумира и никакого изображения" (Исх. 20:4). Ома, дæхицæн дæхи зæрдæ зæгъгæ Хуыцæуттæ ма мыс æмæ сæ ныв дæр ма кæн, нæ фæтччы. Исаия пахуымпары дзыхæй Хуыцау зæгъы: „Æз Хуыцау дæн - Мæ ном уый у, æмæ Мæ кадæй никæмæн хай кæнын, Мæ намысы аккаг ницавæр гуымирыты кæнын" (Ис. 42:8). Иконæтæм чи кувы, уыдоны ницы хуызы уырны, кæмæ ку- вынц æмæ кæй сныв кæнынц сæхицæн дзуарæн, уыдон иу сты, уый. Кæд чи федта дзуар? Уæдæ йæ куыд хъуамæ базонай, цы хуызæн у, цы æнгæс у, уый? Уыдæттæ сты æрмæстдæр Хуыцауæн æфхæрды нысан. Хуыцау цы хуызæн у? Чи Йæ федта? Уæдæ Йæ куыд сныв кæндзынæ уæд, æмæ уыцы нывмæ, гæххæттыл уа, æви хъæды гæбазыл, куыд хъуамæ кувай? Чи у, кæмæн табу кæныс, уый? Иунæг нывы дæр нæ уыд, нæй, стæй, нæ уыдзæн царды æцæгдзинад æвдыст. „Бæргæ сын ис дзыхтæ, фæлæ нæ дзурынц; бæргæ сын ис цæстытæ, фæлæ нæ уынынц, бæргæ сын ис хъустæ, фæлæ нæ хъусынц; ис сын фындзы хуынчъытæ дæр, фæлæ не ’мбудынц, ис сын къухтæ дæр, фæлæ уырзæй не ’мбарынц; къæхтæ дæр, фæлæ нæ цæуынц; уæдæ сæ хъæлæсæй уынæр дæр нæ хъуысы" (Пс. 113:9-15). „Кæй æнгæс Мæ скæндзыстут, кæуыл Мæ абардзыстут, кæй хуызæн Мæ схондзыстут, цæмæй кæрæдзи хуызæн уæм?" - зæгъы Хуыцау (Ис. 46:5). Цыбыр дзырдæй, „Æнæмæлгæ, æнæ райдиан, æнæ кæрон Хуыцауы намыс баивтой хуымæтæджы зæххон адæймаджы сурæтæй", Хуыцауы æцæгдзинад - мæнгдзинадæй... (Рим. 1:23-25). 361
ПИСМО СОВЕТОН БÆСТÆЙÆ Евангелийы программæтæ Уæрæсемæ чи хъусын кæны, уыцы радиостанцæ райста писмо советон трактористæй. Æмæ йæ æрбарвыстой мæнмæ. Бакастæн æй, уæдæ цы. Зæхкусæг, фæдис хъæргæнæгау, бай- дзаг кодта йæ писмо сагъæссаг фарстатæй, куырмæджы цæуæ- гау, йæ царды фæндаг чи нæ уал ары, цæуыл æууæнда æмæ цæуыл не ууæнда, уый кæй нал æмбары, уыдæтты тыххæй. Дзуапп ын æнæ ратгæ нæ уыд, уымæн æмæ абоны дуджы ахæм адæмтæ сты милуангæйттæ. Мæнæ куыд фыста: - Цы номæй дæм бадзурон, ме ’нæзонгæ хæлар, - господин, сэр, æви синьор, нæ зонын... Ма мæм фæхæрам у. Махмæ ахæм нæмттæй кæрæдзимæ нæ дзурынц. Уыдæтты бæсты нæм ис æрмæст дыууæ дзырды: хæлар, æмбал. Уыдонæй зынаргъдæр мæнæн нæй. Дыууæ хатты байхъуыстон уæ радиостанцæмæ, уый дæр бын- тон æнæнхъæлæджы. Æмæ мæстæй ссыгътæн уæ æнæсæрфат дзæнгæдайæ. Сымах цы хъавут? Хуымæтæджы советон адæмы зонд фæ- дзæгъæл кæнынмæ хъавут, уе ’мбæстæгтæ сæ хонут, афтæмæй? Зæгъут ма, кæм ис уæ райгуырæн бæстæ? Æвæццæгæн, уын фьшдæр мызд кæм фидынц, уым? Йæ райгуырæн зæхх зæр- дæбынæй чи уарзы, уый дзы никуы никæдæм фæлидздзæн, цыфæнды зынтæ куы æвзара, уæддæр. Алидздзæн æрмæстдæр тæппуд, кæнæ фыдгæнæг æмæ кæйдæр бæстæйы скусдзæн йæхи Райгуырæн бæстæйы ныхмæ. Бирæ цæмæйдæрты ма бафæрсин, фадат куы уаид, уæд. Фæлæ ма мын зæгъут, уæ хорзæхæй, цы у йæ нысан уæ агита- цийæн Хуыцауы фæдыл? Стæй куыд æнхъæл стут? Ау! Советон адæймаджы Хуыцауыл баууæндын кæндзыстут, уæвгæ дæр чи нæй, уыцы Бæрзондылбадæгыл? Райс ма хуымæтæджы ницæйаг фарста, æппæтæн зындгонд æвдисæйнаг - уæлдæф. Уæлдæфæй улæфæм æмæ уый руаджы цæрæм. Уæлдæф та у тыгъдад, газæй йе ’дзаг, зæххыл æнæ уый 362
цæрæн нæй. Зæххæй тынг бæрзонд ран та уæлдæф уæвгæ дæр нæй, уæдæ дзы уæд зæххон сферæйæн дæр уæзæн нæй, æрмæст уæларвон йедтæмæ. Уæлæрвты та ратæх-батæх кæнынц Зæдтæ, - афтæ зæгъы Библи. Уæдæ уæд советон лæппутæ-космонавттæ куыд никуы амбæлдысты нæдæр Зæдтыл, нæдæр Хуыцауыл? Кæд сæ, миййаг, тæрсгæ фæкодтой, æмæ искуы мигъы къуым- билты бамбæхстысты, цæмæй сæ ма феной, уый тыххæй. Уæдæ ма мын зæгъут: ныртæккæйы рæстæджы Хуыцау кæм цæры Йæ нæргæ лæггадгæнджытимæ? Уæ бон у æмæ мын дзуапп ма радтат. Мæхæдæг уын æй зæгъдзынæн фæлтау. Хуыцау цæры æмæ хæры, нырма капитализм йæ тыхы кæм бады, уымыты. Уæвгæ дæр хъæуы æрмæстдæр капиталистты. Хуыцау кæддæриддæр Йæхицæн бынат ссардзæн. Фæлæ æрцæу- дзæн йе сæфты бон дæр, капитализмæн йæхи хуызæн. Æмæ уын мæ цæст уарзы - рагацау уæхицæн бацагурут уæхи аккаг куыст, цалынмæ æнæ бынатæй нæ баззадыстут, уæдмæ. Дин дæр хъæмпы халæй уæлдай нал феххуыс уыдзæн донласт лæгæн. Адæм раджы бамбæрстой уыцы фæливæнтæ. Ис нæм аргъуантæ дæр бæргæ, фæлæ адæмы конд архитекту- рон цыртдзæвæнтæй уæлдай ницы пайда сты. Зæгъут ма уæдæ: хæстытæ æмæ мæрдтытæ - уыдон дæр Хуы- цауы фæндæй сты? Ау, ахæм тугдзых у нæ „рафæлдисæг"? Æнæ хæдзар, æнæ цæрæнхос милуангай дзыллæты куыд фæкæны!? Уый дæр Хуыцауы лæвар у уæдæ нæ? Уыцы хуызæнæй кæм уыди Йесо, атомы бомбæтæ Хиросимыл æмæ Нагасакийыл куы згъæл- дтой, адæмы удæгасæй дзыхъхъыты куы ныгæдтой, милуангай дзыллæтæ концентрацион лагерты удхар куы кодтой, уæд? Библийы фыссынц, сывæллон зæд у, уæдæ циу, йæ уд дæр æмæ йæ буар дæр дзæнхъадур авгау сыгъдæг. Уæдæ цæмæн æфхæрдта Хуыцау сабиты? Цæмæн сæ сыгъта мингæйттæй кре- маториты (мард судзæн пецты)? Уаргæ бон уаллæттæ куы сбирæ уой, уыййау æнæсцухæй цæмæн рæзыд æфсымæрон ингæнты нымæц æппын æнаххос адæмы мæрдтæй? Ау, æбуалгъы сырд Адольф Гитлеры хуызы бацыд Хуыцау æмæ дунейыл барджын санчъехтæй зылди?! 363
Кæм и уæдæ уыцы Хуыцау, зæгъут ма, уæ хорзæхæй? Цæй цы? Ныхъхъус стут, нæ? Уымæн æмæ дзы цæсгом дæр хъæуы уыцы фарстæн дзуапп радтынæн. Стæй æдас дæр не стут уæ хицæуттæй, уымæн æмæ уæ æнæгæды дзуаппы тыххæй фен- тъæрдзысты уæ хъарм бынæттæй. Куыст та уын, æвæдза, ныр- тæккæ тынг бирæ ис. Æрлæуут уæдæ уæ зонгуытыл уæ Хуыцауы раз, уæ сæрæй йын кувут лæгъстæмæ, цъыф калыныл ма ауæрдут раст адæмыл æмæ, куыдзау, иузæрдион ут уæ хицауыл, кæд æмæ уын йæ дзаджджын фынгæй стæг раппарид æхсынынмæ. Уый уын уæ Хуыцау, господин Козёл Яков Федоры фырт. Æмæ уæддæр уæхицæн хæлæрттæ ссарут мах æхсæнады, фæлæ уыдонæн сæ фылдæр гуырысхойаг сты, хин æмæ кæлæнтæй чи фæцард, ахæмтæ. Архайынц сæхицæн „къæссайы комыл хæц- джытæ" агурыныл, зæххыл ма хорздзинадæй, фæрнæйдзагæй цы ис, уыдæттæ халыны æмæ сафыны куысты æххуысгæнджытæ. Тынг мæ фæндид дæуимæ сæмбæлын, Яков Фёдоры фырт, нæ дæм фæзивæг кæнин ацæуын æмæ дæ фенон, æрыгон дæ, æви ацæргæ. Æмæ мæм тынг æхсызгон ныхас уаид демæ, дæхи дæр иттæг æхсызгон чи хъæуы, ахæм хъуыддаджы фæдыл. Уæдæ кæд афтæ тынг уарзут Хуыцауы кой кæнын, уæд ма зæгъут, кæд фæзынди Хуыцау? Чи зоны, уымæн дæр нæ бафæ- раздзыстут дзуапп радтын. Æмæ та уын æй мæхæдæг зæгъон. Фыццаг хъæддаг адæймаг куы фæзынд, уæд нæ зыдта, Хуы- цау æрмæстдæр фæливæн у, уый. Уыцы хабар адæймаг бам- бæрста хæрз æрæджы. Уæдæ цæмæн уыд æлдариуæггæнæг кълас афтæ карзæй аргъуаны фарс æмæ йын цæмæн æххуыс кодта æппæт мадзæлт- тæй? Уымæн æмæ кусæг кълас æмæ зæхкусджыты иудадзыг дæр дардта тасы уавæры, сæ „рохтыл" сын хæцыд æмæ сæ сызмæлын нæ уагъта, сарæзта сæ коммæгæс хотых. Уый та тынг пайда уыд аргъуанæн. Коммæгæс адæмы æнцондæрæй бауырнын кæндзы- нæ дины хъуыддæгтыл, Хуыцауы фыдæхæй тæрсгæйæ. Уырны мæ, бирæ æнхъæлмæ кæсын нал бахъæудзæн æмсæр- дзинады æмæ сæрибары хуры скастмæ, уый йæ рухс тынтæ ранывæнддзæн зæххы къорийыл кæмдæриддæр. Гъе уæд нæ бон уыдзæн æз æмæ дæуæн иумæ аныхас кæнын. Уæд нал ныллæу- 364
дзынæ дæхи фæндыл. Иууылдæр Хуыцауы арæзт хъуыддæгтæ сты, зæгъгæ, фæлæ фендзынæ, адæмы фарнæй къæдзæх дæр кæй нæрдзæн, уый. Æз хуымæтæджы кусæг дæн, совхозы тракторист. Мæ цар- дæй хъаст нæ кæнын: киномæ дæр цæуын, кафгæ дæр кæнын, лекцитæм дæр хъусын æмæ мæ фæнды цæрын æмæ хæрын бирæ бирæ азты. Хæрзбон уал, Яков Фёдоры фырт. Æнхъæлмæ кæсын дæ дзу- аппмæ. Фысс мæм мæнæ ахæм адресыл: Советон Уæрæсе, Амуры облæсть, Октябрскы районы хоры- куыстгæнæг совхоз „Восточный". Колин Александр Дмитриевич. Зынаргъ Александр Дмитриевич! Евангелийы программæтæ Уæрæсемæ чи хъусын кæны, уыцы радиостанцæмæ æрбацыд дæ писмо æмæ йæ бирæтæ бакасты- сты. Мæ къухмæ æрбахаудта æнæнхъæлæджы. Æз æй бакастæн тынг биноныг æмæ кæд радиопрограм- мæтæм комкоммæ ницы бар дарын, Яков Фёдоры фырт Козёл Кореяйæ кæй дæтты, уыдонмæ, уæддæр мæ бафæндыд дæ фар- статæн дзуапп радтын бафæлварын, Хуыцауыл æууæндыны тыххæй дæ уайдзæфтæ æмæ æфхæрæн ныхæстæн дзуапп ссарын. Ды тракторист дæ, æз та - хуымæтæджы кусæг америкаг фабричы, хойраджы продукттæй консервтæ кæм цæттæ кæ- нынц, уыцы куыстуаты. Мæнмæ гæсгæ мах хъуамæ кæрæдзи бамбарæм. Дæ фæндагыл æз дæр ацыдтæн дины хъуыддæгты. Æз дæр дæ хуызæн мæсты кодтон, рæстдзинад кæй нæ уыдтон, уый тыххæй. Иуæй-иутæ, кувæг адæм уæвгæйæ, дзургæ иуырдæм кодтой, кæнгæ та иннæрдæм. Æмæ мæстæй сыгъдтæн, цалынмæ бамбæрстон, æцæг дин кæцы у, мæнг та - кæцы, уæдмæ; цæлын- мæ раиртæстон, дингæнæгыл йæхи чи нымайы, æцæг кувæг адæм та кæцытæ сты, уæдмæ. Дæ фарстытæн сеппæтæн æнцон нæу дзуапп радтын. Фæлæ Хуыцауы фæндæй бафæлвардзынæн дæ писмойæн хæрз цыбы- рæй дзуапп радтын, дæ фарстытæ куыд равæрдтай, уыцы хуызы. Ды фидарæй зæгъыс, Евангели радиойæ чи парахат кæны, 365
уыдон архайынц хуымæтæджы советон адæмы зонд афæли- выныл, схуыдтай сæ „тæппуд" æмæ „гадзрахатæй цæуджытæ". Уый æгæр карз æфхæрд у, стæй ноджы фыддæр, фæлæ чырыстон адæм æфхæрд бараг кæй сты, уый хынцгæйæ, дын зæгъын: тынг рæдийыс. Бамбар, æппæт динтæ уыцы иу рæнхъыл равæр æмæ сæ æмхуызон схон, - уый зондджын лæджы хъуыды нæу. Æцæг чырыстæттæ дæр ис æмæ мæнг чырыстæттæ дæр. Æцæг чырыс- тæттæ кæддæриддæр вæййынц ныфсхаст, сыгъдæгзæрдæ, ни- кæйы зæрдæхудты цæуынц, фыддзинад никæмæн сæ цæст уарзы, иудадзыг дæр Хуыцауыл иузæрдион. Æвæццæгæн, æмæ хъусгæ дæр фæкодтаис, Хуыцаумæ кувыны тыххæй дзы цас бабын, цас мæстытæ æмæ хъизæмæрттæ федтой, уыцы хабæрттæ. Фæлæ уæдцæр сæ дин нæ ныууагътой, Хуыцауы ном нæ фегад кодтой, Чырыстийæ сæхи нæ фæиппæрд кодтой, сæхи йыл нæ атигъ код- той, тæппуд æмæ гадзрахатæй цæуджытæ куыд фæкæнынц афтæ. Йæ адæмыл дзы ничи разылди галиуæй. Суанг ма хæсты заман Германы зæххытæм дæр ахаудтой æмæ уырдыгæй здæхгæ дæр нал ракодтой Советон Уæрæсемæ. Æнхъæлмæ кастысты, цалын- мæ дзы динæн сæрибардзинад радтой, кувын кæй фæнды, уымæн æдасæй, æнæ тæрсгæ-ризгæйæ йæ бон Хуыцауы ном арын суа, уæдмæ. Цыбырдзырдæй демократийы бæстæты цы сæрибар- дзинад ис динæн, афтæ цалынмæ суа Уæрæсейы дæр, уæдмæ. Æмæ абон сыгъдæг зæрдæйæ, æнæфсарм, æнæ къæмдзæсты- гæй, æдасæй Евангелийы рухс тынтæ тауынц дзыллæтыл, тæри- гъæдджын адæмтыл. Евангелийæн та Уæрæсемæ йæ фæндаг æхгæд кæй уыд, уымæ гæсгæ сын Хуыцау фадат радта Евангели радиойы фæрцы парахатæй æмбарын кæнынæн. Тæппуд æмæ галиу зондыл хæст арæхдæр вæййынц æнæхуы- цау адæм æмæ уымæн афтæ фæхъуыды кæнынц: „Иугæр Хуыцау нæй - уæд мын фадат ис алцæмæн дæр", ома, никæмæй тæрсын, никæмæй æфсæрмы кæнын, марон, давон, - мæхи хъуыддаг у. Раст зæгъын хъæуы, разыны дзы искуы-иутæ æнæсайд, æнæгæды адæмтæ, кæд сæ Хуыцау нæ уырны, уæддæр. Дарддæр ды фæрсыс: „Цас хардз кæны радиостанцæ дин про- пагандæ кæныныл?" 366
Уымæн дын дзуапп радтын мæ бон нæу, фæлæ Советон бæстæ атеизм пропагандæ кæныныл цас хардз кæны, уымæй бирæ къаддæр. Æрмæст ма дзы уый хъауджыдæр ис, æмæ Евангелийы тыххæй радиохъусынадыл хардзгонд цæуынц кувæг адæмы бар- хи мысайнæгтæ. Паддзахад сæм æппындæр ницы бар дары. Ноджы фæрсыс: „Евангели хъусын кæныныл цас хардз кæнут, уымæй цал скъолайы, цал рынчындоны æмæ культурæйы хæдзары арæзт æрцыдаид, банымайгæйæ, уæд". Уымæн ницы зонын, никуы мæ бахъуыд банымайын уыдæттæ. Скъолатæ, рынчындæттæ æмæ приюттæ муртатты бæстæты байгом кæ- нынц миссионерты куысты хардзæй. Фæлæ уый гæнæн нæй æппæт бæстæты. Зæгъæм, Китай сæхгæдта миссионерты æппæт куыстуæттæ дæр æмæ ма цы саразой уæд миссионерты æхсæ- надты хардзæй?... Евангели парахат кæнын, уый æрмæст ныхас нæу. Æцæг чырыстæттæ сæ ныхасæн хицау сты хъуыддагæй дæр. Æмæ цæмæй æууæндай, уый тыххæй кæсын хæуы Евангели, стæй уынын хъæуы, Евангели хъуыддагæй цы у, уый. Сæдæгай рын- чындæттæ, скъолатæ æмæ приюттæ байгом кодта Америкæ æмæ дарддæр дæр аразы Африкæйы бæстæты, Индийы, Хуссар Аме- ричы, Чырыстийы кой æппындæр кæм никуы фехъуыстой, уыцы бæстæты дæр ма. Уыдæтты фæстæ мæн фæндид дæу афтæ бафæрсын: цас фæхуыздæргæнæн уаид цымæ уырыссаг адæмы цард, атеизмы пропагандæйыл цы хæрдзтæ цæуы, уыдон кусджыты æмæ хуым- гæнæг дзыллæты цардыл куы хардз кæниккой, уæд? Ды ноджы фæрсыс: „Ау, куыд дæ уырны, советон адæймаг Хуыцаумæ скува, уый, кæд æмæ уыцы Хуыцауæн йæ кой дæр никуы ис?" Советон адæймаджы дæр йæ царды мидæг къаддæр нæ хъæуы алцæмæй дæр, иннæ бæстæты адæмты цас хъæуы, уымæй. Уымæ гæсгæ дæ уырнæд, советон адæмæй дæр бирæтæ ку- вынц Хуыцаумæ, стæй дзы чысыл нæй хæрзахуыргонд адæм дæр. Æнæхуыцæуттæй чысыл не сси Хуыцаумæ кувджытæ, ради- омæ хъусгæйæ. 367
Фæлæ Хуыцау ис, нæй, - уымæн иу дзырдæй дзуапп нæ рат- дзынæ. Мæнæн дæр, бирæ милуангай адæмты хуызæй бæгуыдæр ис Хуыцау, табу Йæхицæн! Зынаргъ Александр Дмитриевич! Ды фæрсыс, советон кос- монавттæй куыд никуы ничи федта уæлæрвты нæдæр зæдты, нæдæр Хуыцауы? Байхъус ма мæм: æнæуырнæг, космонавттæ æгæр „ныллæг" тæхынц. Æппæтхъомысджын Хуыцауæн та йæ кады бадæн бæрзонддæр ис, бахизæн кæдæм нæй, суанг ракет- тæй дæр бафтæн кæдæм нæй, ахæм ран. Америкаг космонавт Г. Купер дæр йæхи цæстæй нæ федта нæдæр зæдты, нæдæр Хуыцауæн Йæхи, фæлæ зæххмæ куы æр- хызт æмæ Вашингтонмæ куы бахæццæ, уæд уал æй америкаг æппæт дзыллæты цур, президенты цур фыццаджы фыццагдæр бафæндыд Æппæтрафæлдисæг Хуыцаумæ бакувын. Æмæ ба- куывта. Æмæ йæ куывд сыхъуыст Хуыцаумæ, йæ куывд ын фехъуыстой Армеричы дзыллæтæ æмхуызонæй. Библи зæгъы, буары цæстытæй Хуыцауы фенын никæйы бон у. Фæлæ алы уырнæг адæймагæн дæр Хуыцау дæтты Йæхи ’рды- гон цæстытæ „зæрдæйæ æмбарыны цæстытæ", афтæ сæ схуыдта Павел. Дун-дуне æнæхъæнæй дæр Хуыцау бацахста Йæхæдæг. Иу æнæуырнæг бафарста зæхкусæг лæджы: „Дæ хорзæхæй, фенын ма мын кæн Хуыцауы, кæцы ран ис?" Зæхкусæг ын æваст авæрдта ахæм дзуапп: „Ды уал мын дæхæдæг дзуапп зæгъ, Хуы- цау кæм нæй?" Ды ноджы тынг карзæй загътай, Хуыцау капиталистты хъæуы, хуымæтæджы фæллойгæнæг адæмы нæ, фæлæ. Уымæй дæр раст нæ дæ, фæрæдыдтæ. Хъæздыгæй, мæгуырæй сеппæт дæр сты тæригъæдджын, сеппæты дæр хъæуы сæ тæри- гъæдтæй феуæгъд кæнын. Уымæ гæсгæ ахæм адæймаг зæххыл нæй, Хуыцауы æххуыс кæй нæ хъæуы, дунейы исбон иууылдæр дæ къухы куы уа, уæддæр. Уыдонимæ ды дæр, мæ зынаргъ хæлар, æнæ Хуыцауы æххуыс дæ бон нæу дæ цард амондджын скæнын, уый дæ рох ма уæд. Æз мæхæдæг капиталистты ныхмæ дзурын, хуымæтæджы кусæг адæмы туг кæй цъирынц, уый тыххæй. Евангели æнæ- 368
хъæнæй дæр цæуы эксплуатацийы ныхмæ, иу адæймаг иннæмæн хъуамæ кусæг ма уа, иу иннæйы фæллойæ хъуамæ ма цæра. Уыцы хъуыдцагæн кæрон раджы скодтой Америчы. Æмæ дзы уымæ гæсгæ капиталисттæй ничи тæрсы. Кусæг адæм тох кæ- нынц сæхи бартыл, аразынц иугонд цæдистæ, фылдæр хъарутæ æмбырд кæныны тыххæй, куы бахъæуа, уæд - забастовкæтæ дæр. Уæдæ дæ нæ ферох Хуыцауимæ схæцын дæр, аххосджын Æй кæныс бирæ цæмæйдæрты. Æмæ дын зæгъын, Хуыцауы нæ хъæуы сæрылдзурджытæ, фарсхæцджытæ, æххуысхъуаг, мыййаг, нæу. Йæхæдæг Йæхи тыххæй дзæгъæл хуымæтæджы нæ зæгъы: „Хурыл цы цъыф калынц, уый фæстæмæ хауы зæхмæ". Хуыцауыл чъизи хъуыддæгтæ, галиу митæ æххуырсын нæ хъæуы. Уымæй тæригъæд зæгъдзынæ, æндæр ницы. Фæрсыс афтæ дæр: Йесо кæм уыди, атомы бомбæтæ Нагасаки æмæ Хиро- симыл куы зыгъгъуытт кодтой, удæгас адæмы дзыхъхъыты куы ныгæдтой, милуангай дзыллæтæ концентрацион лагерты куы хъизæмар кодтой, уæд?" Уыцы хабæрттыл ма дæ бон ноджыдæр бирæ бафтауын у, хæсты рæстæджы дæр æмæ уый фæстæ азты дæр, суанг мæнæ тæккæ абоны онг дзыллæйæ цас цæуы цагъды, уыдæттæ. Фæлæ фæтæгты æмæ паддзахадон разамонджыты сæртæг^ æнæрхъуыды митæ Хуыцауы аххос фæкæн, уый раст нæу. Адæм Чырыстимæ нæ комынц æввахс цæуын æмæ Йыл хионы уарзы- ныл ахуыр кæнын. Чырысти дæр æмæ Евангели дæр сты хæсты ныхмæ, тыхдзинады ныхмæ, адæмы марыны ныхмæ. Евангели дзыллæмæ сиды сабырдзинадмæ, кæрæдзи æмбарынмæ, социа- лон царды рæстдзинадмæ. Æмæ уыдæттæ иууылдæр къухы æн- цон æфтæн сты æрмæстдæр Хуыцауы фæрцы. Хуыцауы ныхмæ хæцгæйæ, ды тох кæныс дæхи уды идеалты ныхмæ. Стæй ма афтæ дæр фыссыс: „Сывæллон зæд у, йæ буар - дзæнхъадур авджы хуызæн сыгъдæг, адæймаг дзы йæхи уыны. Уæд цæмæн æфхæрдта уæдæ Хуыцау æнахъом сабиты?" Диссаджы æнахуыр хъуыдытæ дæм ис, æвæдза, Хуыцауы 369
тыххæй, дуне тыхджын уарзтæй чи бауарзта æмæ ма Йæ иунæг Фырты дæр адæмы сæрвæлтау, сæ тæригъæдтæй сæ фервæзын кæныны тыххæй дзуарыл байтындзынмæ Чи радта, Уый æфхæ- ринаг фæци, азимаг фæци. Сывæллæтты мардтой æнæхуыцау адæмы къухтæй, ды та йæ Хуыцауы аххос кæныс. Мæнæ ма абон дæр милуангай сабитæ æххормагæй мæлынц. Фæлæ дзы Хуыцау цы аххосджын у, иутæм æгæртæ æмæ уæлдæйттæ, иннæтæм та къæбæр дæр нæй? Мæнæуы милуангай тоннæтæй адæм уадзынц карз арахъхъытæ, милуангай сомтыл арт æфтауынц тамако дымгæйæ, Индийы, Африкæйы æмæ техникон æгъдауæй фæстæзад æндæр бæстæты сывæллæттæ та хойрагхъуаг сты. Адæм нæ комынц Чырыстимæ хæстæг цæуын, сæ цард сраст кæныны тыххæй. „Сымах нæ фæнды Мæнмæ æрцæуын, цæмæй уын уа Цард", - загъта кæддæр Йесо иудейæгтæн. Уыцы ныхæстæ ныр дæр нæма базæронд сты, абон дæр уæды рагон заманты хуызæн сæ тæккæ бынаты сты æмæ тынг æхсызгон хъæуынц адæмы. Хуыцау фадат дæтты зæххыл фыдцзинад æвзарынæн, (æрвитгæ йæм нæ кæны) кæд æмæ æппынфæстаг адæм бамбариккой сæхæдæг сæхи ’гъдауæй, æнæ Хуыцауы æххуысæй амондджын цард нæ сараздзысты, уый. Æнахуырдæр фарста та ма дын уый: „Кæд фæзынди Хуы- цау?" Æмæ мæм диссаг дæр нæ кæсы, уымæн æмæ куы ’мбарис, Хуыцау чи у, уый, уæд дæм ахæм фарст уæвгæ дæр нæ разын- даид. Хуыцау уыди кæддæриддæр, æнæ Хуыцау рæстæг никума скодта. Хуыцау у æппæт рафæлдисæг, рæстæджы рафæлдисæг дæр, æппæт æфсæнтты æфсон дæр. Хуыцауæн Йæхи исчи куы рафæлдыстаид, уæд Хуыцау æцæг Хуыцау нæ уыдаид, фæлæ Йæ чи рафæлдыстаид, уый уыдаид Хуыцау. Ды афтæ дæр зæгъыс, Хуыцауы капиталисттæ æрæмысыды- сты. Афтæмæй та нæ Иунæг кадджын Хуыцауыл æууæндыдысты израилаг адæм дæр, капитализмæн йæ кой дæр куы нæма уыд, уый нæ фæлæ, адæм суанг мыггаггай куы цардысты, гъе уæды рагзаманты дæр. Раст зæгъын хъæуы израилаг адæм иу æмæ дыууæ хатты сæхи нæ атигъ кодтой Хуыцауыл, иу æмæ дыууæ хатты нæ азылдысты 370
иуварс Хуыцауы амынд фæндагæй. Æмæ уый тыххæй чысыл фыдæбæттæ нæ бавзæрстой. Израилаг адæм не сразы сты, Чы- рысти падцзах суа, ууыл. Фæлæ нын израилаг адæмы руаджы Хуыцау барухс кодта нæ царды фæндаг, радта нын Библи, рар- выста нæм Чырыстийы æмæ Уый рухс абон дæр нæ бамынæг нæ царды. Стæй никуы бамынæг уыдзæн, æнæхуыцау адæм сæ гæндзæхтæ куы ацæгъдой, уæддæр. Раст зæгъын хъæуы, фæзынди Библийы ныхмæ дзурджытæ дæр. Уый дæр уымæн æмæ Библи уыдонæн сæхи ныхмæ арæзт у. Фæлæ Хуыцауыл чи баууæндыд, Йесо Чырыстимæ йе ’ргом чи раздæхта, æмæ Йæ йæ зæрдæмæ хæстæг чи айста, уыдон æнус- тæм дæр уыдзысты амондæй хайджын, æмæ дын сæрмагондæй зæгъын, Александр Дмитриевич, мæнæ æз мæхæдæг дæн уыдо- нæй иу. Ноджыдæр фыссыс, ома, дам, капиталисттæ сæ уæрмытæ дзаг кæнынц атомы бомбæтæй. „Уый дæр сын Хуыцауæй амынд у?" 0, хуыцауы амынд, æрмæст чысыл дамгъæтæй фыст хуы- цауæй, атеисттæ æмæ æппæт милитаристтæ сæхæдæг кæмæн кувынц, уыцы хуыцауæй. Атомы бомбæтæй седзаг сты канд капиталистты уæрмытæ нæ, фæлæ коммунистты уæрмытæ дæр. Хъауджыдæр сæ дыу- уæтæй ницы ис. Æмæ адæмы мæнæ дæу хуызæн дарддæр дæр Хуыцау куы нæ уырна, куы ницæмæ Йæ дарой, уæд уыцы бомбæтæй бабын уыдзысты æнæуырнæг дзыллæтæ сæхæдæг. Уырнæг адæм мæлæтæй нæ тæрсынц. Адзал тæссаг уыдонæн у, æнусон цард нæй, зæгъгæ, чи дзуры, Хуыцауыл чи не ’ууæнды, Хуыцау кæмæн нæй. Дæ писмойы фыссыс, фæнды дæ, Евангели радиойæ чи æмбарын кæны, уыимæ фембæлын, зæгъгæ. „Æз дæм цингæнгæ бæргæ ацæуин, фенон дæ мæ дыууæ цæстæй - зæронд дæ, æви нырма æрыгон". Хорз фæнд дæм ис æмæ дæ къухы бафтæд. Дæ писмо фыст фæдæ æхсызгон хабарæй, ома, дам: „бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ нал бахъæудзæн, æмсæрдзинады æмæ сæрибардзинады хуры рардтывдмæ, стæй иунæг ран нæ, фæлæ зæххыл кæмдæриддæр". Мах, ома, уырнæг адæм, тынг гуырысхо кæнæм, æмсæрдзи- 371
нады æмæ сабырдзинады хур азæххыл, æнæ Хуыцауыл æууæнд- гæ, миййаг, куынæ рардтива... Махæн нæ Рæстдзинады æнæныгуылгæ хур у Чырысти. Уый æцæгдæр æрцæудзæн зæхмæ, Евангели куыд амоны, афтæмæй. Чидæриддæр Ыл æууæнды, уый мæнæ ныр дæр ссæрибар тæри- гъæдты æмæ дæлимоны уацарæй, æрсабыр æмæ йæ зæрдæ ба- рухс, æнусон цардмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Гъе, раст уыцы хабæрттæ мах хъусын кæнын фæнды адæмæн сеппæтæн дæр, Хуыцауыл чи не ’ууæнды, уыдонæн. Ды дæхæдæг радиойæ кæй фехъуыстай æмæ кæй хъусыс, уыдоны гадзрахат- дзинадæй дæр ницы ис, галиуæй дæр нæ зилынц уырыссаг адæ- мыл. Евангели радиойæ æмбарын кæнын, - уый Хуыцауæй хорз лæвар у адæмæн, Чырысти ацы рухс дунейыл æппæтæй æхсыз- гондæр кæй хъæуы, уыдонæн. Хуыцауы хорзæх дæ уæд. Н.В. 372