Author: Нартыхты М.В.  

Tags: повесть  

Year: 1987

Text
                    НАРТЫХТЫ МИХАЛ
ÆЗ ÆМÆ УЫЦЫ ЧЫЗГ
Уацаутæ æмæ радзырдтæ
Чиныг сарæзта ГÆБÆРАТЫ ЗИНÆ
ДЫККАГ РАУАГЪД
РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН»
ЦХИНВАЛ 1987


ББК84 (Осет) 7—4 Н 30 Мæ уарзон æрвад Гæбайы рухс ном арын мæ чиныгæй. Нартыхты М. В. Æз æмæ уыцы чызг. Уацаутæ æмæ ра- дзырдтæ. Цхинвал, Рауагъдад «Ирыстон». 1987. Нартыхты Димеры фырт Михал уыд, фæндзайæм аз- ты ирон литературæмæ цы фæсивæд æрбацыд, уыдон курдиатджындæртæй иу. Райгуырдис 1927 азы Къахеты, Халацъаны хъæуы. Каст фæцис Думастъуры авдазон æмæ уый фæстæ та — Дуисы астæуккаг скъола. Йæ ахуыр адарддæр кæныны тыххæй бацыд Хуссар Ирыстоны пад~ дзахадон педагогон институты гуырдзиаг æвзаг æмæ ли- тературæйы хайадмæ æмæ иæ фæцис 1953 азы. Æвзонг лæппуйы ирд курдиат фыццаг райхæлд поэ~ зийы, цалдæр поэтикон æмбырдгонды мыхуыр дæр нык- кодта, фæлæ йæ зæгъинæгтæ поэзийы фæлгæттæй уæ- рæхдæр уыдысты, æмæ ныффыста аив уацаутæ æмæ ра~ дзырдты чиныг дгер. Ам дæр та басгуыхт йæ курдыат, чиныгкæсджытæ йыл сæмбæлдысты зæрдиагæй æмæ йын кæд цæрын нæ бантыст (1967 азы не ’хсæнæй ацух), уæд- дæр ын йæ уацмыстæ йæ ном нæ ауадздзысты амæлын, уымæн æмæ дзурæг сты цардбæллон фæсивæды зæрдæты сыгъдæг уарзондзинадыл, сæ рæсугъд бæллицтæ æмæ адæймагуарзон æнкъарæнтыл. „ 4702470000 М622 (06)-87 36~~1987 ^З) Составление, оформление. Издательство «Ирыстон»., 1987 г.
УЛЦАУТÆ БÆЛЛИЦТЫ БАЗЫРТЫЛ ФЫЦЦАГ ХАЙ Мæрдадзы бадæгау бадын, иухатт мæ удæй фылдæр^ кæй уарзтон, æмæ ацы уысм фыдæхы цæстæй кæмæ ра- кастæн, уыцы сыхаджы уаты. Æдзынæг кæсын, æгас дьгууæ азы дæргъы иууыл стырдæр аргъ кæмæн кодтон,, уыцы адæймаджы цæстæнгасмæ. Кæсын æмæ мæхиуыл æнæууæнк кæнын. «Æз Азæйы курæг нал дæн», — калмы æхситтау мын мæ зæрдæ æлхыскъ кæнынц йæ былысчънл ныхæс- тæ. Ау, уæдæ зæххыл адæймагæн амæй уæлдай базонæн1 нал ис! Æгас дыууæ азы дæргъы иу биноптау куы фæцар- дыстæм, æдзух иумæ куы уыд нæ бадт, нæ хæрд, пæ ныхас, уæд æй ныры онг бæстон цæуылнæ базыдтон, мæнгард, уæйгæнæг кæп у, уый рахатын иыры онг цæ- уылпæ бацнс мæ бон! О, уæйгæпæг. Уый мæп ау.хп код- та, мæ лæгдзннад, мæ кадыл мын цъыф къахæп балæ- гæрста. Ныр ма мæхи цы ’гъдауæй равдисон Азæнæц, йæ бинснтæц! Мæ хæлары хорз амондмæ бæлгæйæ, иунæг æз уыдтæн ацы хъуыддаджы цырв. Æмæ дзы цы рауад?! Хъуыдытæ, сæрзилынгæнæг хъуыдытæ мæ сæ ныхтæ ныссагътой, уæгъд мæ нал уадзынц. Зæрдыл æрбалæууыд Мысостимæ пæ базынды фыц- цаг бон. Мах иурæстæджы æрбалыгъдыстæм ацы агъуы- стмæ. Æртæ уатæй дæр иу бипоитæ куыд пайда кодтзнк- кой, афтæ арæзт уыдысты. Фæлæ мæнмæ развæлгъау райæххæсткомы сæрдар фæсидтис æмæ мæ домдта, цæ- мæй фатеры дыууæ уатыл сразы уыдаин, æртыккаг уа- ты та иу æнæус ахуыргæнæджы бацæрын кодтаиккой. а
Æнæуи хæринаггæнæн, ваннæ æмæ æндæр фадæттæй та и,умæ куыд пайда кодтаиккам. «Сабыр лæппу, хъыг дæ ницы бадардзæн. Хорз специалист у æмæ йын бах- хуыс хъæуы, стæй нырма æнæбинонтæ у, æмæ уый ца- •лынмæ бинонтæ кæна, уæдмæ та районы цæрæн хæ- дзæрттæй иу-цалдæр сцæттæ уыдзæн, афтæ æмæ йæ уым бирæ нæ ныууадздзыстæм», — дзырдта мын уырнынгæ- н-æн хъæлæсæй райæххæсткомы сæрдар. Иæ фæндыл æз уæлдай ницыуал загътон. Æнæуи дæр ахæм бирæ бинонтæ куынæ стæм. Уæлæмæ дæр æмæ дæ- лæмæ дæр нын иу сывæллон уыд æмæ цæуыл тыхстыс- тæм! Уыцы изæр æрбаластам ног бынатмæ нæ дзаумæттæ. Мæ бинойнаджимæ уат æфснайдтам, афтæ нæм дуар æрбахостæуыд. Æз уайтагъд базыдтон, уый мæ ног сы- хаг кæй уыдаид. Нæ фæрæдыдтæн. Æппын дæ дзæбæх сыхаг нæ хъæуы, — зæгъгæ, фарс- той мæ хъазгæйæ не ’скъолайы ахуыргæнджытæ — йе ’мбæлттæ. Базонгæ мæ кодтой, уæды онг дардмæ дæр кæй ни- куыма федтон, уыцы адæймагимæ. Кæронмæ æрбæс- топ кодтам æппæт дæр æмæ иумæ акуывтам нæ ног бы- натæн. Цас гæнæн уыд, уыйас базыдтам кæрæдзи зæр- дæтæ. Æз тынг райгонд уыдтæн мæ ног сыхагæй. Куыд хатыдтæн, афтæмæй уый дæр мæнæй нæ уыд æнæразы. Уæдæй нырмæ дыууæ азы бæрц рацыд. Нæ хæлардзи- над бонæй-бон æнгомдæр кодта. Æвæццæгæн ахæм æну- выд сыхæгтæ никуы уыдаид. Æмæ цæй сыхаг: уый æз мæхи бинонтæй ницæмæй хицæн кодтон. Мысосты афтæ тынг мæ зæрдæ цæмæн айста, уый мæхæдæг дæр нæ хатыдтоп. Чизоны мæм тынг хæдæф- сæрм, уæзбын, æнæхин кæй каст, йе та национ сæрыстыр- дзинады æнкъарæнты арты кæй сыгъд, уый тыххæй. Диссаг, куыд уарзта уый нæ адæмы лæджыгъæдджын царды истори, стæй литературæ! Темырболаты коймæ-иу цыдæр æрхæндæг хъуыдыты аныгъуылд. «Зæххыл лæгау’- лæгæй рацæрыны фæстæ райгуырæн зæххы дурхæццæ сы- джыт риуыл куы ныккæлы, уæд уый дæр амондджын хъуыддаг у. Уыцы сыджытæй æнæхай уыд Темырболат— нæ поэзийы суадоны гуырæн»,—лзырдта-иу Мысост. Поэ- тикон уацмыстæ кæсын бирæ уарзта уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Иæ фыссæн стъолæй уæлæмæ нæ иста Блок æмæ Есенины. Ироц совстои поэттæй уæлдай фыллæр Гю ’мном Мысост, Цомахъ æмæ Грисы уарзта. Грпсы хæс- Д
тон æмдзæвгæтæ иууылдæр æнæкæсгæйæ зыдта, стæй сæ кæсгæ дæр куыд хорз кодта! Афтæ дæр ма мæм каст, цыма Мысост йæхæдæг дæр фыста уацмыстæ, æмæ йæ уый тыххæй иухатт куы фарс- тон, уæд мын ахæм дзуапп радта: «Аивадон уацмыстæ афтæ ’нцоц фысгæ не сты. Æз ницы дæн, фæлæ мын зæр- дæ стыр ис æмæ зæрдæйы æнкъарæнтæ та мæ хуызæн æнарæхст адæймаджы чысыл фыссæн сисы бын афтæ ныккадавар уыдзысты æмæ сæ мæхæдæг дæр нал бам- бардзынæн». Æгæр сæрхызт æмæ къæмдзæстыг уыд Мысост æмæ йын уый тыххæй бирæ уайдзæф кодтам æз дæр æмæ мæ бинойнаг дæр. Мах истæмæй куы бахъыгдардтаид, уы- мæй тæрсгæйæ-иу хæринаггæнæны, æгæрыстæмæй, йæхи- цæн цай дæр никуы рахсыста. Кусыныл-иу куы ацай- дагъ, уæд-иу дзы хæрын бынтондæр кæй ферох, уый мах хорз зыдтам æмæ-иу ын ахæм рæстæджы исты ахуыйæн куы бахастам, уæд-иу афтæ сæфсæрм æмæ-иу йæхицæн цы акодтаид, уый дæр нал зыдта. Ие ’мбæлттæ йыл тынг зæрдейæ уыдысты. Арæх-иу йемæ бадтысты, литературæйы фарстытыл-иу быцæу код- той. Æз уарзтон Мысосты ахадæн дзыхы дзырдмæ хъу- сын æмæ-иу сæм ахæм рæстæджы æнæбауайгæ нæ фæ- дæн. Æхсызгон-иу мын уыд, сфæлдыстады быцæуы-иу Мысост уæлахизæй кæй баззад, уый. — Ды, æвæццæгæн, уый дæр бæлвырд кæндзынæ, зæгъгæ, ус æрхæссын æмæ бинонтæ скæнынæй афтæ зы- быты иунæг, куы фырæфсæст, куы фырæххормагæй цæ- рын хуыздæр у, — арæх-иу сæ ныхас хъазыны ’рдæм аз- дæхтой састы баззайæг быцæугæнджытæ. Æцæгдæр, ус æрхæссыны тыххæй ныхас кæнын никуы фæндыд Мысосты. Æмæ канд ус æрхæссыны тыххæй нæ, фæлæ-иу ын сылгоймæгты тыххæй искуы ныхас куы ’рыфтыдтон, уæд-иу мын мæ ныхас æндæрырдæм аздæх- та. Афтæмæй та сылгоймæгтæй Мысосты зæрдæйæн та- бугæнджытæ бирæ уыд. Мысосты рæхснæг уæнгты конд, уый саулагъз цæсгом, хъуыдыджын цæстытæ бирæ кæ- мæндæрты уыдысты сагъæсы аххосаг. Мысостимæ иу фа- теры куы бацардыстæм, уæдæй фæстæмæ мын хъазын- æфсон мæ зонгæтæ æмæ хицæтты чызджытæй бирæтæ дзырдтой, «дæ сыхаджимæ ма мæ базонгæ кæн», зæгъ- гæ. Фæлæ æз ацы хъуыддаджы тыххæй Мысосты харак- тер куыд зыдтон, уымæ гæсгæ сын сæхиау «хъазæн» дзырдæй лæвæрдтон дзуапп. 5
Уæвгæ, мæхи дæр тынг фæнды, мæ сыхаджы æнæ- уæрст адæмæй хай куы фæуыдаид, хорз амондыл куы фæхæст уыдаид, фæЛæ мæм уый тыххæй уæлдай ныхас лскæй хæдзарон хъуыддæгты къухтъыссæгау каст. Иухатт мæм райæххæсткомы хъæууонхæдздрадон уп- равленимæ Мысост цыдæр хъуыддаджы тыххæй æрба- цыд. Мæ кабинеты сыхаг стъолыл бадт мæ коллегæ — райопы сæйраг агроиом Азæ. Мæ хæс куыд амыдта, аф- тæ сæ базонгæ кодтон. Ахæм рæстæджы æддагоп цæсты- тæц дæр зын рахатæн нæ вæйпы æрыгон зæрдæты сусæг ’змæлд. Мысост хъуыддаджы тыххæй дзургæ кæд мемæ кодта, уæддæр-иу йæ сау цæстытæ рæстæгæй-рæстæгмæ Азæйы рæсугъд цæсгоммæ фæцарæзта. Æз мæ цæсты зул дардтон Азæмæ дæр. Йæ цæсгом уыд бæрæг сырх- дæр. Мысосты ’рдæм уый кæсгæ кæд иунæг хатт-дæр никуы бакодта, уæддæр мæм афтæ каст, цыма уый æр- мæстдæр ирон чызджы сæрыстыр æмæ хиуылхæцæг зæр- дæйы фæстиуæг уыд. Мæ цæрæнбонты чызг æмæ лæппуйы хъуыддаджы никуы бацыдтæн, сомбон исты азимаг куы фæуыдаин, уымæй тæрсгæйæ, фæлæ ныр фидарæй аскъуыддзаг код- тон ацы дыууæ цардбæллон зæрдæты сиу кæныны хæс мæхимæ райсын. Сæ дыууæйы дæр хорз кæй зыдтоп, уымæ гæсгæ мæ фидарæй уырныдта. уыдон сæ сомбо- ны цардыл æвæсмон кæй уыдаиккой. Сæ дыууæ дæр мæ цæсты æмхуызон кадджын уыдысты — цыма сæ æрдз кæрæдзийæп сфæлдыста, афтæ дæр ма мæм каст. Уый фæстæ-иу Азæйы арæх мæстæймарæгау кодтон, «мæ сыхаг дæ хъуамæ бакæнон», зæгьын. Мысосты кой- мæ-иу ч’ызг скъæмдзаестыг, фæлæ йæ цæсгом цыдæр ра- зыйы ’игас кæй æвдыста, уый бæрæг уыд. Хъуыддаг мæ фыды ’фсымæры чызг Залдузæн æркой кодтон. Уый са- ’бийæ фæстæмæ Азæимæ иумæ схъомыл æмæ хæрз хæ- лæрттæ уыдысты, кусгæ та Мысостимæ кодта ахуыргæ- нæгæп. Афтæ æмæ хъуыддаг йæ къахыл слæууын кæпы- нæп иууыл хуыздæр фадæттæ уымæн уыд. Мæ фæндоныл стыр разыйæ сæмбæлд Залдуз. Уый сæ арæх æмбæлыи кодта иумæ, цыдысты-иу кинотæм, кафтизæртæм æмæ райопы центры æпдæр ирхæфсæп быиæттæм. Мысосты хъуыды базоиып мæ тынг фæпдыд æмæ йып иухатт Азæйæ куы ’ппæлыдтæн, уæлдайдæр ын дзыхы .дзырдтæй йæ рæсугъддзинад куы аныв кодтон, уæд мын дыдæр æнæбæрæг дзуапп радта: «Бæлвырд, хорз чызг у Азæ, æз ьш тыиг аргъ кæнын. Ницæмæй пæм ис фау 6
1 аерхæссæн, йе ’гъдау, йæ ахаст, стæй йæ уынд кæй зæр- дæмæ нæ фæцæудзысты! Мæ царды ус хæссынвæнд куы кæнин, уæд мæ уды бартæ Азæйæ раздæр никæмæ рад- тин. Фæлæ нæй, скъуыддзаг мын у æрдзы ацы иунæг закъоны пыхмæ рацæуын». Мысост-иу мæ серьезон ныхæстæм хъазгæ кæй никуы кодта, уый хорз зыдтон æмæ мыл дис æфтыдта йæ ха- рактер. Ахæм хæрззонд адæймагмæ цæмæн ахæм хъуы- > ды ис, уый бафæрсын та мæм аив нæ фæкаст. Уæдæй фæстæмæ йын ахæмты тыххæй пыхас дæр никуы уал æрæфтыдтон. Фæлæ мæ мæнæ хæрз æрæджы Мысост фæскуыст йæ уатмæ бакодта. Цыдæр дзæбæх зæрдæйыл уыдис, йæ цæстытæ цинæрттывд кодтой, — Фидарæй аскъуыддзаг кодтон Азæйы æрхæссын. Ацы дунемæ лæг иу хатт æрцæуы цæрынмæ æмæ уыцы царды бонтæ бархийæ зыбыты иунæг, æвæстагæй батон, уæд уый сæрхъæн ми куыд иæ у! Æмæ иугæр ус хæссын æмæ мын Азæ дæр разы у, уæд чизоны хъуыддагыл фæс- тæмæ хæцын пал хъæуы, — дзырдта мып Мысост стыр хæрзиуæг дзурæгау. Ацы ныхæстæм Мысосты сывæллонау ахъæбыс код- тон. Дыккаг æхсæв Мысост Азæмæ нысан радта. Азæ- тæм фидауæг та мæхæдæг уыдтæн. О, уыцы ’хсæв цас адæм æрæмбырд Азæтæм! Цæл, хъазт, циндзинадæц кæрон кæм уыд! Хæстæджытæ, хæ- лæрттæ цпп кодтой дыууæ æвзопг уды сомбоны амондыл. Чыидзæхсæв дæр Мысостæн йæхи фæндонмæ гæсгæ ав- густы райднанмæ спысаи кодтам. Мысост скъолайæ сæрибар кæм уыд, уымæ гæсгæ дыккаг бон ацыд сæ хъæумæ. Æнæуи дæр ын цыдæр лекцитæ кæсын уыд хæсгонд æмæ йæ, пæхи пыхæстæм гæсгæ, сæрибар рæстæгæй спайдакæпын бафæпдыд. ...Æмæ мæнæ нырма чысылраздæр æрыздæхт фæстæ- мæ. Афтæмæй та сом чындзæхсæвы æмгъуыду. О, æрыздæхт... фæлæ куыпæ уал æрыздæхтаид, йе та бпрæгъты холы куы фæуыданд, уæд мып бирæ æццон- дæр уыдаид, йе ’нæхсæст зæрдæпы пнцæйаг фæндтæ мæ- нæй сусæг уыдаиккой. Ныр ма уæддæр цы бачындæуа. Абондæргъы мæм цалдæр мипæвары æрбарвыста Азæйы фыд. Нæхи, дам, срæвдз кодтам æмæ, дам, нын цо сиахсы кæдæм фервыс- тай. Кæмдæриддæр ис, зыпдзæн, зæгъьш. Уый дæр 7
хъуыддагмæ йæхи бацæттæ кæнын хъæуы æмæ, æвæц- / цæгæн, цæуылдæр бакъуылымпы ис. Æндæр сын цы зæгъын мæ бон уыд! Хъуыддаджы æхсæны лæджы бы- наты кæй уыдтæн, уый тыххæй мын æвæлмонæй иуварс алæууыны бар нæ уыд. Ныр æрзынд æмæ цы! «Мысост æрцыд», зæгъгæ, мæм сывæллон цингæнгæ æрбазгъордта, æнхъæлдтон, зæгъын, ныртæккæ нæм йæхæдæг æрбацæудзæн, алыхаттау бацин кæндзæн сабийыл, радзурдзæн йæ бафæстиаты аххосаг, фæлæ кæм ис! Цалынмæ йæм бæрæг базонынмæ мæхæ- дæг æрбацыдтæн, уæдмæ хъуыды дæр никæй æркодта. — Мæнæн нал ис Азæимæ мæ цард сиукæнæн, — сдзырдта æрæджиау цыдæр къуырма хъæлæсы уагæй мæ сыхаг æмæ æваст фескъуыд мæ хъуыдыйы таг. Уый диваныл бадгæйæ йæхи ноджы дæр уырдыгмæ ауагъта æмæ, йæ цæстытæ астæрдæй нæ фæиртасгæйæ, йæ ныхас дарддæр кодта: — Зонын мæ фыдракæнд Азæйы раз, стæй дæ разы дæр. Хъуыддаг айонг кæй æрцыд, афтæмæй йæ кæй уа- дзын, уымæй йæ авторитет дæлæмæ кæй хауы, уый æнæ- хатгæ нæ дæн. Æмæ æз иу æрцъыккæй дæр миййаг нæ аскъуыддзаг кодтон уымæй мæхи хицæн кæнын. Цы бакæнын мæ хъæуы, ууыл хъуыдытæй ныр къуырийы бæрц хуыссæг нæ федтон. Сæры магъзæй хъуыдыгæн- гæйæ мæхищæн тыхми кæнын, бæттын Азæимæ мæхи, фæлæ зæрдæ нæ быхсы ахæм хи сайæн ми. Æниу, чизо- ны, мæ бынаты алчи дæр афтæ бакодтаид. — Зæгъ-ма, кæцы лæг бакодтаид афтæ? — нал æм фæлæууыдтæн. — Адæмы дæ къухыл стух, хъуыддаг йæ къуырццмæ æркæн, стæй цыма ницы уыдтæ, уыйау сæм дæ чъылдым фездах! Ау, алчи дæр афтæ кæны? Æппын ницы, фæлæ мæнæн та цы уынаффæ кæныс, мæн дæр ма куы счъизи кодтай, худинаджы бын мæ куы фæкодтай, уæд мын æндæр уæздандæр ныхас зæгъынвæнд нал кæ- ныс? — загътон ын тызмæг хъæлæсæй æмæ йын йæ тарстхуыз цæсгоммæ æдзынæг ныккастæн. Уый иудзæв- гар бадт бынтон æнæзмæлгæйæ, йæ галиу цæстæй æрт- тивгæ цæссыг русыл ауындзæгау аззад, стæй æваст фес- къуыд æмæ йæ риуыл æртылд. Ацы ныв ауынгæйæ, мæхи зæрдæ дæр суынгæг. Мæ зæрдæйы тызмæг æмæ æнæуынондзинады бынат та ног тæригъæддзинады æнкъарæн бацахста. Ау, лæгаулæджы æнæсæттон удыхъæдыл цæссыг куыд хъуамæ фæтых уа! 8
Мысостыл цыдæр æнамонддзинад кæй сæмбæлд, уый бæ- рæг уыд. Чизоны йæ æгæр бафхæрдтон, æгæр ын ба- уайдзæф кодтон. Мысост уайтагъд йæ хуылыдз уадул асæрфта, йæ бынатæй фестад æмæ уаты стыр фæрссаг байгом кодта. Кæрты акацийы æхцон тæф æрбакалд уатмæ. Фалдæр, райкомы ног агъуысты раз рæхснæг хæрис бæлæстæ арвмæ бæрзонд фæцыдысты. Августы цæхæр хурмæ хус зæхх пиллон уагъта. — Зын у хи сраст кæнын, Сарди. Куыд фæзæгъынц, афтæмæй нæй зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæн. Иу иннæ- йы низæн фидар вæййы. Цæй, цы бачындæуа, — загъта Мысост æмæ мæ ныхмæ стъолы фарсмæ æрбадгæйæ цы- дæр тыхтон райдыдта змæнтын. — Æз дæу кæддæриддæр æмбæрстон, Мысост. Ныр дæо дæ зæрдæйы фæфæлдæхтæн исты аххосаг кæй уы- дзæн, уый дæр мæ фидарæй уырны. Æмæ мын уæд та куы радзурис хъуыддаг бæлвырдæй. Исты дзуапп рад- тын та нæ уæвгæй хъæуы Азæйæн, — загътон Мысоетæн рæвдаугæ хъæлæсæй. — Æппæт дæр мæнæ ам фæфыстон, — ацамыдта мын мæ фысым, тыхтонæй цы къухфыстытæ рахицæн кодта, уыдонмæ. — Бакæс сæ, Азæйæн дæр сæ бакæсын кæн æмæ мын рахæссут уæ тæрхон. Ныр æз фæстæмæ здæ- хын, мемæ ницы хæссын. Сыхаг автостанцмæ цыбыр фæндагыл къахæй хъуамæ ацæуон, исчи мæ фена, уый мæ нæ фæнды, Хæрзбон! — Уайтагъд ме ’рдæм фæзылд, зæрдиаг пъатæ мын ныккодта æмæ дуарæн феддæ. Мысост хæдзæртты аууон куы фæиис, уæддæр ма æз мæ мидбынат, дурдзавдау, дзæвгар фæлæууыдтæн. Мæ зæрдæ ме ’муд æрцæугæйæ, айтæ-уйтæ нал фæкодтон. Мысосты уатмæ баздæхтæн, рæхджы мæ фæстæмæ куыстмæ аздæхын кæй хъуыд, уый дæр ницæмæ æрдард- тон, асЬтæмæй дуæрттæ мидæгæй мæхиуыл сæхгæдтон æмæ Мысосты даргъ фыст кæсыныл æрбадтæн. 2 Фыццаг сентябрь — ахуыры фыццаг бон. Скъолайы дуар чердыгæй ис, уый чи нæма зоны, уы- цы цардбæл саби дæр ма бонтæ бирæ фæнымайы ацы æмгъуыдмæ. Йе, уыцы сабийау æнæрхъæцгæйæ æнхъæл- мæ кастæн алыхатт дæр ацы бонмæ. Нæхи хъæуы æнæх- 9
-хæст астæуккаг скъолайы куы ахуыр кодтон, уæддæр ма кæрæдзийæ уый бæрц ницæмæй хицæн кодтой ахуыры -фыццаг бонтæ. Æцæг, мæ зонындзинад фылдæрæй-фыл- дæр кодта, алы аз дæр мæм уыцы афон цыдæр ног бæл- -лицтæ æвзæрд, фæлæ уæддæр уыцы иу нымæц уыдысты ме ’мбæлттæ, алы хатт дæр та уыцы ахуыргæнджытæ, æгæрыстæмæй пе скъолайы мæрзæг æмæ завхоз дæр. Бынтон æндæр уыд ахуыр уыцы фыццаг бон. Ныр мыл æхсæрдæс азы цыд, лæджы бындзæфхад уыдтæн, ме скъола фæдæн каст æмæ цыдтæн æндæр хъæумæ стырдæр скъоламæ. Бæлвырд у, уым мын ноджы фыл- дæр ахуыргæнджытæ уыдаид, æмбæлттæ дæр мын фыл- дæр уыдаид, мæхицæй хуыздæр чи ахуыр кæна, ахæмтæ дæр. Æмæ уый мæ зæрдæйыл тас дæр æфтыдта. Нæхи хъæуы скъолайы æз уыдтæн ахуыргæнинæгты ’хсæн æппæтæй цæвиттойнаг. Ахуыры фыццаг бонтæй фæстæмæ иттæг хорз пысанæй дæлдæр никуы райстон. Искæмæн-иу йæ сывæллон куынæ ахуыр кодта, науæд- иу куы фæстиат кодта, уæд-иу ын цæвиттон мæнæй хас- той, хыл-иу æм кодтой: «Ма сахуыр кæн æмæ уæртæ До- мейы лæппуйæп дыууæ æрчъийы бызгъуыры фсст, æнæ- рæгъыдзыд!» Ахæм ныхæстæ-иу мæ хъустыл куы ’рцыдысты, уæд- иу мыл ахуырмæ ног базыртæ базад, æрдæгæхс&в дæр- иу фæгæпп кодтон æмæ-иу мæ цæстытæ сæрфгæ чипы- гыл мæхи ныццавтон. Мæ ахуырæй мæ мады зæрдæ дæр рухс кодта. «Мы- -сост мып амæн фæстæмæ дæр ахуырмæ афтæ зæрдæ- ргъæвд уæд, уый йеттæмæ мæ фыдæбон ницæмæ уал æр- дардзыиæн», — дзырдта-иу уый. Кæд-иу ын мæхигъæдæй нсты хъуыддажы йæ арм фæрог кодтон, кæппод-иу хæ- дзары цыфæпды ахсджнаг хъуыддаг куы сæфтанд, уæд- дæр-иу, мæ ахуырæй куы фæкъуылымпы уыдаин, уый тасæй-иу мып цума дæр ннцæй тыххæй бауарзтаид пæ цæст. Ныр мæ фылдæр æфсæрм пс, пог скъолайы мæхицæн хуьтздæр чи ахуыр кæпа, ахæмтæ дæр æиæмæнг уыдзæп. Чизоны, хуры тыиты цур æхсæвы цæхæркалгæ боивæ- ронæп арвыл йæ фæд куыд пæ уал разыны, афтæ сæ цуры æз дæр быитон банымæг уоп. Уæлдайдæр фæсау- уонмæ арæх хъуыстоп Хыицæгты Шурæйы кой. Уый дæр, æвæццæгæп, ацы аз фарастæм къласы уыдзæи. Æтт, мæпæуый, сæр дæ бахъуыд, дæхи ма ’руадз æгады бы- ’натмæ! — ахæм хъуыдытæгæнгæ балæууыдтæн Думасты Ю
хъæуы скъолайы кæрты ме ’мбал ахуыргæнинæгтимæ иумæ. Урок райдайынмæ кæд нырма æрдæг сахатæй фыл- дæр уыд, уæддæр кæрт йедзаг уыд алы кар скъоладза- уæй. Мæрзæг нырма скъолайы тыргъ æххæст æфспайд нæ фæцис æмæ уæлæмæ схизыи никæй уагъта. Бынæт- тон ахуыргæнинæгтæ уæлдай барджынæй æвдыстой сæ- хи, уæндонæй иыхас кодтой, хъазыдысты, бирæтæ дзы кæрæдзи расхой-бахсой кодтой. Мах дзы бирæ кæйдæр- ты зыдтам æмæ уазджытау семæ иыхас кодтам. Мæ фæстæ кæрты æмбопды цур дыууæ лæппупы цы- дæр сусу-бусу кодтой. Сæ иу — йæ лæзæрд худы кепкæ цъæл кæмæн уыд, уыцы цъæхдзаст, къæсхуыр лæппу йæ фарсмæ лæууæджы мæпæй фарста: — Мысост уый у æцæг? — Уый, дам, у, зæгъыиц, — сабыр хъæлæсæй йын дзуапп радта йæхицæй зына-пæзыпа бæрзоиддæр, даргъ коцораджын лæппу. — Уæдæ йæ рауадз. Уый уым æпæсæрæиты ’хсæн уыд богал. Æдзæрæг хъæуæп, дам, рувас йæ хицау. Ныр ам Шурæйы фарсмæ æрбадæд, кæддæра йын йæ хæйрæджы ном... Æз сæ ныхасмæ ноджы дæр бацымыдис кодтоп, ’къæрцхъусдæрæй сæм байхъуыстон, фæлæ уыдон сæ хъæлæс афтæ фæныллæг кодтой æмæ дзы æз пицыуал фехъуыстон. Æнпу цы фехъуыстон, уып дæр фаг уыд мæ удæпцой фесафыпæн. Иуæй мып æхсызгоп уыд, мæ ахуы- ры тыххæй мын мæ иом ам дæр чидæртæ кæй зонынц, уын. Фарои дæр ма сæ ахуыргæиджытæй иæ хъæуы скъолайы чидæртæ уыд æмæ сын мæ ахуыргæпæг Соло- мап мæнæп .афтæ загъта: «Фидæпмæ, дам, уæм мæпæ ацы къæсхуыр лæппуйы барвптдзыстæм æмæ, дам, уæм лæгдæр чп у, уый, дам, пæ тыхтæ йемæ бавзарæд». Йе, фæлæ, æпæццæгæи, уыцы Шурæ уыдзæн сæйраг ныхмæлæууæг .Цыдæр тас хатгæйæ, мæ зæрдæ куыддæр нырхæндæг. Уыцы цъæл кспкæджын мæ, Шурæимæ абаргæпæ, быптон пицæйагыл кæй бапымадта, уый тых- хæй нæм иу фендæй зпаджы цæстæй ракастæп, миййаг пæ къласы ахуыргæнипаг куы разыпдаид, уымæн дæр тарстæп. Ног та Шурæйы ’рдæм аздæхтысты мæ хъуыдытæ. Сгуыхт хъæбысæйхæцæг йæ ныхмæлæууæджнмæ фем- бæлдмæ куыд фæтырны, афтæ тырныдтои йæ базопын- мæ. 11
Федтон æфсондзы бын дыууæ галы ифтыгъдæй. Сæ иу иннæмæй тыхджындæр, тæлтæгдæр. Стыр хъæд лас- той хæрды, æз фæразæйоныл сæ уд уæлдай кодтой, æга- ды бынаты баззайын сæ иуы дæр нæ фæндыд. Фæлæ бирæ быцæуы фæстæ сæ иу размæ æфсондз уыцы иу риуыгъд куы акодта, уæд иннæ фæстейæ аззад. Бæргæ ма йæ гæндзæхтæ цагъта, зоныгуылæй ма тæбынгы ’хсæн- ты абырыныл дæр фæлвæрдта, фæлæ æппæт дæр дзæ- гъæлы уыд. Гал йæ бон куы базыдта, уæд уачъиивæзтæй зæххыл хаудæй баззад, æгаддзинад æнкъаргæйæ, йæ буар дыз-дыз кодта. Ие, уыцы галы уавæры уыдтон æз дæр развæлгъау мæхи, цъæлкепкæджыны ныхæстыл хъуыдыгæнгæйæ. Дзæнгæрæг ныццагътой. Æз сабыр къахдзæфтæй схызтæн ныллæг асинтыл æмæ ахуыргæнинæгты фæстæ бахызтæн, йæ дуарыл «9-æм кълас» фыст кæмæн уыд, уыцы уæрæх, райдзаст хатæнмæ. Æнахуыр къласы партæтыл иу уысм мæ цæст ахæссыны фæстæ рахизæрдыгæй æртыккаг партæйыл нæ хъæуккаг лæппу Умары фарсмæ æрбадтæп. Галиу рæнхъыл æппæты разæй бадтысты дыууæ чыз- джы. Æрдæбоны цъæл кепкæджын сæ разы лæугæйæ цыдæр хъазæн ныхæстæ кодта. Кæйдæр хъæлæсы уаг фæзмыдта йæ былтæ ныззылынгæнгæйæ. Иæ ныхæстыл чызджытæ афтæ хъæрæй худтысты æмæ дзы æз ницы æмбæрстон. Разæй бадджытæ иууылдæр йæ алыварс стыгуыр сты æмæ сæ къæлкъæлæй бæстæ сæ сæрыл ис- той. Уалынмæ къласы рудзынгæй æрбазынд кæйдæр лæ- гуын сæр. — Михаил Васильевич æрбацæуы. Уæ бынæтты сба- дут, ныртæккæ нын географийы урок уыдзæн, — рай- хъуысти фæстаг рæнхъæй кæйдæр барджын хъæлæс æмæ алчи дæр иу уысммæ йæ бынаты æнæдзургæйæ абадт. Мидæмæ æрбахызт цъæхдзаст, урсцъар лæг игæр- гъуыз чесунчæ кителы. Æддейæ блкæсгæйæ йын лæг дыууиссæдз азæй фылдæр нæ радтаид. Уый нын салам радта æмæ йæ цæстæнгас ахаста алы партæйыл дæр. Сбадут, зæгъгæ, нын йæ къухæй ацамыдта, журнал стъолыл æрæвæрдта æмæ, йæ кителы къæртты йæ рахиз къух фæцæвгæйæ, ахуыргæнинæгты афарста, куыд бау- лæфыдыстут, зæгъгæ. Иæ фарстытæн дзуапп лæвæрдтой «фысымтæ». Михаил Васильевич иу уысм æдзынæгæй алæууыд, 12
•стæй, раззаг партæйыл цы мыдгъуыздзыкку чызг бад- ’тис, уымæ фæкомкоммæ: — Марадз-ма, Шурæ, уæртæ ахуыргæнджыты каби- нетæй картæ æрбахæсс. Чызгмæ уыцы цума стыр хæрзиуæгау фæкаст, уай- тагъд мидбылхудгæ дуарæн феддæ. Шурæ уый у уæдæ! Уыцы чысыл чызг хъуамæ баны- мæг кæна мæ кад! Уый хорз чызг зыны æмæ уæд ахæм сæрхъæнимæ дзурын йæ сæрмæ та куыд хæссы! — мæ зæрдыл æрбалæууыд, чысылраздæр цъæл кепкæджын лæппуйы ныхæстыл зæрдиагæй кæй худт, уый. Ахуыргæнæг журналы нæ номхыгъд райдыдта кæсын. Номхыгъды мах дæр уыдыстæм. Цъæл кепкæджын лæппу бадти, нæ акомкоммæ га- лиуырдыгæй, æртыккаг партæйыл. йæ сæр — быныл æл- выд, ме ’рдыгæй фарс стыр нуæстæ. Иæ бынаты иу- ран æрбадын йæ бон нæ уыд, куы иуырдæм, куы ин- нæрдæм раздыхс-баздыхс кодта, кæмæ йæ цæстытæ хъулæттæ кодта, кæмæ æнæфсарм дзыхæй дзырдта. — Ахуыргæнæгæй æппын не ’фсæрмы кæныс, уый цы- тæ дзурыс? — бауайдзæф ын кодта йæ фарсмæ бадæг. — Æмæ цы худинаг у, уымæн иронау йæхи куы ’лгъитай, уæддæр дæ нæ бамбардзæн. Куыд хорз уаид, иннæ ахуыргæнджытæ дæр уыйау куынæ зониккой иро- нау, — æмæ йæ ныхæстыл йæхæдæг ныххудт партæйыл æрныгъуылгæйæ. Ахуыргæнæг номхыгъд кæсын фæуагъта æмæ айхъуыс- та, хъæлæба чердыгæй хъуыст, уыцырдæм. Алчи æнцад, æнæзмæлгæйæ бадт йæ бынаты, фæлæ цъæл кепкæджы- ны ныгъуылдæй куы ауыдта, уæд ыл фæхъæр кодта: — Исмел!..— æмæ, йæ хъæлæс фæныллæгдæр кæн- гæйæ, фæлæ карзæй бартхъирæн кодта:—Ды ма иннæ азтау афтæ къæбæда куы уай, уæд скъолайы кæртæй дæ къах дæр нал æрбавæрдзынæ, фæлæ йæ зоп! Лæппу йæ бынатæй фестад æмæ, йæ сæр уырдыгмæ ауадзгæйæ, йæ къухы ныхтæй партæ хæххытæ кæныныл схæцыд. Уæдмæ Шурæ картæ æрбахаста, арæхстгай йæ рай- хæлдта æмæ йæ фыссæн фæйнæджы фарсмæ къулыл сауыгъта. Ахуыргæнæг Исмелæн бадыны бар куы радта, уæд дарддæр рапдыгта номхыгъд кæсып Æз тм л’: !бынæг хъуыстон, пт къ тасы ма Шурæ ),)
исчи хуынд æви нæ, уый базонынмæ цымыдис кодтон. Шурæ дзы æцæгдæр æндæр ничи разынд. Ахуыргæнæг номхыгъды æппæты фæстаг хатт мæ иом æмæ мæ мыггаг дæр бакаст. «Ам дæн», — уæлæмæ фестгæйæ дзуапп радтон æз æмæ хъуамæ ’рбадтаин, фæлæ Михаил Васильевич жур- нал стъолыл фалдæр бассыдта æмæ мæ рæвдаугæ хъæ- лæсæй афарста: — Ды Халацъы хъæуккаг нæ дæ? — О, — цыбыр дзуапп ын радтон æз. — Зæгъынц, зæгъгæ, дам, ды сæрæн лæг дæ æмæ ахæм: ныхасыл баууæндæм? — фарста мæ хъазгæйæ. — Нæ зонын, — загътон ын къæмдзæстыгæй. Ахуыргæнинæгтæ иууылдæр ме ’рдæм разылдысты. Ме ’рдæм фæкаст Шурæ дæр. Фыццаг хатт мæ ныхмæ- лæууæджимæ нæ цæстытæ кæрæдзийыл аныдзæвдысты. Фефсæрмы дæн. Иæ ныфсджын æмæ сæрибар цæстæнгас фæтых мæ бакастыл. Æз мæ цæстæнгас æндæрырдæм аздæхтон. Аивæй хатыдтон, уый мæм уæддæр иинæтау уыцы иугъæдонæй æдзыпæгæй кæй каст. Ахуыргæнæг мæ ницæмæй уал бафарста, æрмæст мæм уыцы иугъæдон уарзæгой цæстæнгасæй дзæвгар фæкаст æмæ мæ сбадын кодта. — Цæй, уæдæ, пæ хъуыддагмæ æрæвналæм, — ахуыр- гæнинæгтæм æмхуызон дзырдта Михаил Васильевич. — Цалынмæ пог урокыл æрдзурæм, уæдмæ уал, иыры онг цы базыдтам, уыдон сфæлхатт кæнæм, цæмæй нæ ма ферох уой. Стæй мæнæ пæ ног æмбæлттнмæ дæр базои- гæ уæм, — æмæ та ме ’рдæм æрбакаст. — Мæп фæнды, цæмæй уæртæ Мысостимæ дзæбæхдæр базонгæ уон. Уый Халацъы скъолайы цæвиттонпаг ахуыргæпипаг уыд,— бацамыдта мæ пннæ ахуыргæнинæгтæн. — Ныртæккæ картæйы цурмæ рацæудзæп æмæ, цы сакъадæхтæ зоиы, уыдон нын картæйыл равднсдзæи. Кæд, мпййаг, истæ- мæй фæтыхса, уæд мах дæр ам стæм, баххуыс ып кæп- дзыстæм. Тыхст лæгæн æххуыс кæнын та куыд пæ зо- пæм, — хъазгæмхасæитæй дзырдта Михаил Васпльсвич æмæ мæ йæ цæстæнгас иал иста. Ахуыргæнæг мæ сфæрсдзæп, уый æнхъæл иæ уыдтæн. Быитоп стыхстæп, мæ сур хид акалд. Уаптагъд базыд- тон, Михаил Васильевичы мæ зоиынад рахатып кæй фæп- дыд.'Цы нæ рацæугæ ма мыи уыд картæйы цурмæ. Æцæг мæ зонындзипадыл фидарæй æууæндыдтæн, фæлæ цы иæ сахуыр кодтои, ахæм æндæр истæмæй мæ куы ба- 14
фарстаид æмæ ахуыргæнинæгты раз куы фегад уыдаин,. уымæй тарстæн. Райдыдтон, нæ континенты алыварс цы сакъадæхтæ< уыд, уыдон нымайын. Куыд сæ нымадтон, афтæ сæ лыс- тæг амонæн лæдзæггондæй æвдыстон. Ахуыргæнæг йæ^ сæр разыйы тылд кодта. Уымæй æз ноджы дæр сразæн- гард дæн æмæ ахызтæн дунейы æппæт сакъадæхтæ æв- дисынмæ. — Хорз, Мысост ,хорз, сегас нæ нæ хъæуынц, æрмæег ма мын Мадагаскары сакъадах равдис, — фæурæдта мæ Михаил Васильевич. Уайтагъд фергъуыйау дæн. «Мадагаскар, Мадагаскар» — мæхимидæг фæлхатт кодтон. Уый ныгуылæны æрдæг тымбылæгыл кæй уыд, уый фидарæй зъщтон, æнæуи дæр мæм зонгæ сакъадах. каст. Фæлæ нæй, нал æй ардтон. Тынгдæр стыхстæп, рахæсс-бахæсс ма кодтон амонæн лæдзæг картæйыл. Уæдæ кæм мæрдты хъуамæ уа уыцы æнæхайыр Мада- гаскар! Нал æй хъуыды кæнын, зæгъгæ, зæгъынмæ хъавыд- тæн, æмæ фыццаг бон скъоламæ чи бацæуы, уыцы чы- сыл сабийау æпæмбаргæ каст ракодтон ахуыргæнинæг- ты ’рдæм. Ахуыргæиæг стъолы фарсмæ ме ’рдæм здæхтæй кæй бадт, уымæй спайда кæнгæйæ мын Шурæ иу стыр сы- фыл дæргъæццон, куыд уырдыгмæ парæгдæр чи ахаста, ахæм зиллак æвдыста, стыр дамгъæтæй йыл «Африкæ» фыст уыд æмæ йын йæ хæд бынмæ рахизæрдæм пæ фыс- сæп сис арæхстгай бахаста. Æз Шурæйы фыстытæ рæстмæ æвзаргæ дæр пæ код- тон, фæлæ зиллакк куы æвдыста, уæд уый Афрпкæ кæй уыд, уый мып йæ былты базмæлдæп афтæ аивæп загъ- та æмæ æз фæстæмæ картæйы ’рдæм фæзылдтæн. Уай- тагъд Афрпкæйы контипентыл бынæй мæ цæст ахастои æмæ цыма стыр диссаг разынып кодтои, уыйау «Мада- гаскар», зæгъгæ, сопт хъæр фæкодтои. — Маладец, Мысост, маладец. Æххæст ма пып, Ази- йы хайы цахæм æрдæг сакъадæхтæ зопыс, уыдоп рапы- май картæмæ æнæ кæсгæйæ, кæд ма дæ зæрдыл лæу- уыпц, уæд. Æз бирæ иæ ахъуыды кодтон, афтæмæи рапдыдтоп нымайып: Камчаткæ, Чукотск, Танмир, Явай... æмæ та пог фæ- тыхстæн. 15,
— Раст дзурыс, Мысост, раст. Фæлæ ма дзы иу нæ загътай, — разæнгард мæ кодта Михаил Васильевич, фæлæ уыцы иу æз нал хъуыды кодтон. Шурæ та уайтагъд карандас райста йæ къухмæ, ра- хизæрдыгæй фарс партæйыл йæ бакомкоммæ цы чызг бадтис, уымæ йæ бадаргъ кодта, ома карандасы тыххæй дзурын æмæ йæ æз куыд фехъуыстаин, афтæ хъæрæй сдзырдта: — «Æз чысыл дæн», зæгъгæ, йын зæгъ уырыссагау. «Я мал!» — æвиппайды мæ сирвæзт. Ахуыргæнинæгтæ худæгæй афæрсыл сты. Мæхæдæг дæр кæд æфсæрмы кодтон, уæддæр мæ худын нал бау- рæдтон. Михаил Васильевич иронау кæй не ’мбæрста, уымæ гæсгæ, ахуыргæнинæгты худыны сæр цы уыд, уый нæ рахатыдта æмæ джихæй каст куы ме ’рдæм, куы та ахуыргæнинæгты ’рдæм. Тыххæй ма сæ басабыр кодта. Михаил Васильевич мæ раппæлыд æмæ мæ сбадын кодта. Иу-цалдæры ма ракодта картæйы цурмæ, ног урок дæр радзырдта, фæлæ æгас къласы цыдæриддæр цыд, уыдон мæнмæ хъуысгæ дæр нал кодтой. Ахуыргæ- нæджы æппæлæн ныхæстæ мæнмæ фыдæфхæрдæй уæл- дай нал кастысты. Шурæимæ абаргæйæ, бынтон ницæ- йаг фæкастæи мæхимæ. Дзæнгæрæг ныццагътой. Ахуыргæнæг къласæй ахызт æмæ та ахуыргæнинæгтæй иу къордæн ногæй худын ба- цайдагъ. Исмелæн дзы æппын æнцайæн нал уыд. Шурæ, стæй йæ фарсмæ бадæг чызг æмæ ма ноджы иу-цалдæр лæппуйы, рагон хæлæрттау, мæ "ы фарс æрбатыгуыр сты. — Хорз тагъд æй атæлмац кодтай уырыссаг æвзаг- мæ, — дзырдта мын худгæйæ лæппутæй сæ иу. — Æмæ уæм цы диссаг кæсы, уыцы æрмæг кæд са- хуыр кодтам, уый ма хъуыды кæнут? Æгæр хорз дæр ма сæ хъуыды кæны æнæсфæлхатгæнгæйæ, — дзуапп ын радта Шурæ, — стæй ма, ме ’рдæм æрбакæсгæйæ, йæ ны- хæстæм бафтыдта:—Мæнæ Исмелæн фарон географи- йæ æвзæр нысап уыд æмæ йын баххуыс кæнып мæнæн бахæс кодтой, æрмæг сфæлхатт кодтон, æндæра мæ бын- тондæр ферох уыдаиккой. Ацы ныхæстæ фехъусгæйæ, мæ риуыдзаг сулæфыд- тæн(æмæ сæрибарæй райдыдтон ног базонгæ æмбæлтти- мæ пыхас кæнын, Фсстьт уыцы бон уроктæ, фæлæ æз уыцы ’хгач* дæр 10
кæдмæ нæ бафыпæй дæн! Æдзух Шурæйыл хъуыды код- тон. Йæ хæлар зæрдæйы ахаст мæ дисы æфтыдта. Иæ цæрæнбонты мæ никуы федта, афтæмæй мæ ахуыргæ- нæджы цæсты раз æгады уавæрæй куыд арæхстджынæй фервæзын кодта. Фæсурок дæр куыд адджын ныхæстæ кодта мемæ! Чизоны, Исмелæн æппындæр пицы баххуыс кодта, фæлæ йæ цуры цæмæй ме ’нæзонындзинад басу- сæг уыдаид, уый тыххæй афтæ загъта. О, куыд хорз чызг у, куыд хæларзæрдæ! Нæ, хæларзæрдæ пæ, хорз дæр нæ, ноджы æпдæр цыдæр!.. Цы йæ схуындæуа!.. 3 Рæстæг цыд. Нæ хъæуы чызджытæ æмæ лæппутимæ уыцы иугъæдонæй надтам нæхицæй Думасты хъæумæ фæидаг. Дæрддзæг кæд æртæ километры йеттæмæ нæ уыди æмæ нæ хизын хъуыд стыр къæдзæхты сæрты иу- къахвæндагыл, уæддæр цыфæнды хъызты дæр махæй æхсæв уым ныллæууын йæ сæрмæ никуы ничи бахаста. Æмæ цæуыпæн дæр цы хъуыд! Иу-цалдæр зарæджы са- мон, науæд кæй фæстæ цæуай, уый цалдæр схуысты акæп, дæ разæй йæ айс æмæ-ну иыл уайтагъд Думасты хъæуы кæроп Гсддаты куыйтæ рарæйдтой. Фæстагмæ пыл, æгæрыстæмæй, афтæ сахуыр сты, æмæ-иу сæм «Хъил- хъус, Мила, цы дæ хъæуы», зæгъгæ, рæвдаугæ куы сдзыр- дтам, уæд-иу цыма уыдон дæр сæ рæдыд бамбæрстой, уыйау-иу уайтагъд фефсæрмы сты æмæ-иу сæ къæдзил- тæ тплгæ фæстæмæ здæхыпмæ фесты. Мах Думасты хъæуы скъолайы нал уыдыстæм æцæ- гæлæттæ. Нæ къласы ахуыргæнинæгтæй йæ хæдзары кæмæп нал уыдыстæм, ахæм нал баззад. Фыццаг азæй фæстæмæ æз уæлдан тыпгдæр Хъасболимæ схæлар дæп. Уьтн æнæ мæн къласæй æддæмæ дæр нал хызт. Æгæрыс- тæмæй ма нæ Тедо æмæ Симон дæр хуыдтой. Чызгау рæсугъд уыдис Хъасбол, æгас скъолайы лæппуты хуыз иста, стæй пысул дæр куыд хорз дардта! Цыфæиды хуы- мæтæг дарæс-иу ыл куы уыд, уæддæр-иу йе уæнгтыл афтæ хорз бадтысты, афтæ сыгъдæг, итувæрдæй-иу сæ дардта æмæ-иу æм лæг кæсынæй не ’фсæст. Дыккаг азæй фæстæмæ Хъасболимæ бадгæ дæр иу партæйыл кодтам, Шурæ æмæ Зæлийы фæстæ. Арæх æф- тыдтæи сæ хæдзармæ дæр. Иæ фыд Сибистор хъæусо- веты сæрдар уыд, йæ мад та бнблиотекæйы гæсæй куыс- 2 Нартыхты М 17
та. Æгас Думасты хъæуы уыдонæй хъæздыгдæр æмæ культурондæр цæрæг иичи уыд. Хъæздыгдзинадæй сæм уадиссаг ницы рахатыдтон, фæлæ сæ хæдзары æфснайд алыхатт дæр уыд зæрдæмæдзæугæ. Тьшг уазæгджын уы- дысты Сибистортæ. Сæ хæдзармæ бацæугæйæ сæм æцæ- гæлон адæймаг ма федтаин, ахæм цау пæ хъуыды кæ- ныи. Хъуыддаджы лæг, саламлæгæй уыд зындгонд Си- бистор æгас комбæсты. Лхуырдзипадæй йæм уыйбæрц ницы уыд, фæлæ йын стыр авторитет уыд районы. Хъас- болы ахуырыл тынг контрол кодта, йæ ахуыры фæстиу- джытæ бæрæггæпæг-иу скъоламæ дæр арæх цыд. ’ Хъасбол ахуыр æвзæр иæ кодта, курдиат æм уыд, фæлæ архайгæ уыйбæрц пæ кодта. Уæлдай тынгдæр ма- тематикон предметты къуыхцы кодта, фæлæ мæ фарсмæ куы сбадт, уæдæй фæстæмæ иумæ поджы арæхдæр куыс- там, фæлхатт кодтам лæвæрд уроктæ иумæ, арæзтам рардтæ æмæ йæ хъуыддаг бирæ фæрæвдздæр ис. Фыццаг боны æгаддзинады тасæй ахуыр кæпыныл мæ уд хъардтон æмæ нæхи скъолайы райсгæ кад дæлæ- мæ нæ уагътон. Æрмæст Шурæмæ быцæу кæныны охыл иæ уыд мæ ахуыры сæр. Фыццаг боп мæм цы аудындзи- над равдыста, уый мæнæй никуы рох кодта æмæ Шурæ- йæ мæн хуыздæр ахуыргæнинагыл нымадтаиккой, уый мæ фæпдгæ дæр нæ кодта. Шурæйы иом фæсаууонмæ фехъусгæйæ, ууыл ахуырмæ фæтых уон, зæгъгæ, ме ’ртхъирæн æмæ мæ тырнындзинад иыр бынтон рæуæу- уæнк сабийы æдылы хъуыдытыл нымадтон. Ахæм зопд- ахастмæ æрцæуынæн мын Шурæ йæхæдæг дæр лæвæрд- та фæндаг. Цæвиттои, фæскомцæдисон организацийы хыгъддæттæн æмбырды скъолайы директор Барис куы дзырдта, зæгъгæ, уæхицæн секретарæй хъуамæ равза- рат, хорз уагахаст кæмæн ис, стæй ахуыры дæр цæвит- тойнаг чи у, ахæмы, æмæ Шурæйы сæвзарыны тыххæй йæ фæндон куы загъта, уæд уый тыххæй Шурæ йæхæдæг ахæм дзуапп радта: — Секретарæй кæд æгъдауджын адæймаджы æвза- рæм, уæд мæнмæ гæсгæ фыццаджыдæр Мысосты рав- зарын хъæуы, стæй хорз ахуыр кæныныл куы дзурæм, уæд Мысосты аййафынмæ мæн нырма бирæ къахдзæф- тæ хъæуы. Ахæм растзæрдæ, сæрныллæг кæй уыд, æви ма дзы æндæр исты аххосаг дæр уыд, уый нæ хатыдтои, фæлæ Шурæ бонæй-бонмæ мæ цæсты кадджынæй-кадджындæр кодта. 18
О, цас æхцондзинад истон йемæ ныхас кæныпæй, йæ цуры хæстæг лæууынæй дæр-иу мыл цыма хур æрбакаст. Йæ урок-иу куы дзырдта, уæддæр-иу музыкæйы зæлтау пæ алы дзырд дæр мæ зæрдæйы тæгтæ æхцон хъыдзы кодта. Æмæ æз мæ царды æндæр ницæмæ бæллыдтæн, Шурæйæ дæр æндæр пнцы домдтои. Шурæ мæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр феввахсдæр йæ ивгъуыд царды цаутæ йын куы фехъуыстон, уæд. Хъасбол мын куыд радзырдта, афтæмæй Хыпцæгты Симон Шурæйы хæсты рæстæджы Уырысæй æркодта. Цæвиттон, хæст куы рапдыдта, уа^д Симоныл дыууис- сæдз азæй дæр фылдæр цыд, фæлæ иугæр хъæуы рав- заргæ фæсивæд фронтмæ куы цыдысты, уæд уый дæр пал ныллæууыд. Уадз, æмæ нæ хъæубæсты равзаргæтæ кæм уоп, æз дæр уым, зæгъгæ, загъта æмæ йæхи фæи- дæй ацыд хæстмæ. Спмон Лепипграды цур тохты ныууагъта йæ галиу цонг. Госпиталæй йæ хæдзармæ куы рарвыстой, уæд кæмдæр фæндагыл фембæлд чысыл Шурæйыл. Чызджы ныхæстæм гæсгæ йæ фыд знаджы ныхмæ хæцгæйæ фæ- мард. Йæхæдæг сæ сыхæгты чызджимæ иурапсом хъæд- мæ ацыд йæ тæрхъус агурæг, фæлæ ма йе ’рыздæхынмæ æрмæстдæр сæ хæдзары сыгъдæттæ æрæййæфта. Уыцы æнахъипон цауы амæттаг фæци йæ мад дæр. Иу чысыл станцæйы æпæхицау сабитыл салдæттæ куы узæлыдысты, уæд Симоп дæр Шурæйы йæ хъæбысмæ систа. Чызг йæ хæкъуырцц куыдæй пал æнцад, Симон ын фæтæригъæд кодта, йемæ йæ ракодта. Шурæйыл уæд цыдаид 7—8 азы æмæ æппæт дæр йæ зæрдыл лæууыд. Фыццаг бонты тынг мысыд йæ мад æмæ йæ фыды, сабитимæ-ыу чысыл ахъазыд, стæй та-иу райдыдта кæ- уын, æхсæв-иу фынæйæ фестъæлфыд, пырдиаг-иу кодта æмæ-иу ын уæд йæ бапцайыпæп пицыуал фæрæзтон. Йе, фæлæ Симон æмæ Сидойы узæлд æмæ зæрдиаг рæвдьь дæй фæстагмæ байгас сты сонт зæрдæйы хъæдгæмттæ. Шурæйьт сабнон бопты уыцы уæззау хъысмæт мæ за?рдæйæ иал æфтыд. 4 Сæрд... Мæ удыйас уарзтон афæдзы ацы рæстæг. Иæ хæхтæ зымæг митæй цух кæм вæййынц. Къоста- т
йы загъдау: лæджы æмбæрц æруары мит æмæ уалдзæг дæр афтæ тагъд кæм атайы. Æрмæстдæр сæрды бонты скæнынц сæ райстбавæрд дарæс рæгътæ, æфцгуытæ, æрдзæн вæййы цииы бæрæгбон. Фæлæ мæнæн мæ удхæссæг фестад сæрд. Ацы афон мæнæн Думасты хъæумæ цæуынæн пицы æфсоп уыд. Æз æпæ Шурæйы фæхудтæй, уырыссаг æвзагыл уый адджын дзыхæй дзырдмæ хъусынæй дыккаг сæрд уыд- тæн æнæ хай. Æрмæстдæр иу хъуыддагæй састон мæ зæрдæйы дойны. Цæвæг-иу райстон æмæ кæрдынмæ кæд уыйас иæ арæхстæн, уæддæр-иу Æрсыты рагъыл мæхи фæхосдзау кодтон. Ардæм хорз зындис Шурæты ныллæг хъæдын хæдзар. Уымæ кæсын, ууыл хъуыдытæ зæрдæ- йыл æгæрон æхцондзинад æфтыдтой. Иу бон уæнгон фиддонтæ бафидыны ’фсоп мæнæн фадат фæцис Шурæйы фенынæн. Шурæ сæ кæрты карчы чысыл цъиутæн холлаг кодта. Иуы дзы йæ тæнæг был- тыл авæрдта æмæ йын рæвдауæн ныхæстæ кодта. Мæн ауынгæйæ, чызг цъиуы зæххыл авæрдта æмæ каудуары онг мæ размæ рацыд, бации мыл кодта, цы аразын, мæ каникултæ куыд æрвитын, уыдæттæй мæ зæрдиаг фæр- стытæ кодта. — Мидæмæ рацу, ничи нæм пс, ам лæууыны бæсты бадгæйæ апыхæстæ кæнæм, — дзырдта мып Шурæ. Æз нæ куымдтоп, Сидо кæнæ Симонæй нсчп куы ’рба- цыдаид, уымæй æфсæрмы кодтон, чизоны цы ахъуыды кодтаиккой. Фæлæ мæ Шурæ нал ныууагъта, мæ цон- гыл мып пæ дыууæ къухæй ныххæцыд æмæ цалынмæ зæропд асиныл ныллæг балкъонмæ схызтыстæм, уæдмæ мæ не суæгъд кодта. Цыбыр дысджын хæдон мыл уыд æмæ мып йæ чысыл фæлмæи къухтæ мæ буар æнахуыр хъыдзы кодтоп. О, куыд хорз уыдис! Афтæмæй æз, æвæццæгæн, фыд- мæйдары, сыпдзвæпдæгтыл æвæллапгæ цыдаин арвы кæ- ронмæ. Хæдзары æцæгдæр пичи уыдис. Шурæ куыд загъта, афтæмæп Сидо уыгæрдæпты хос ссивынмæ уыд, Симоп та колхозы æфтауцдон хъахъхъæнæг кæй уыд, уый мæ- хæдæг дæр зыдтоп. Лæг æмæ ус æнæзæпæг уыдысты. Шурæ уыди сæ хæдзары фидыц, сæ хурыскаст. Чызг хæрз æфсианд уатмæ мæ разæп бахызт æмæ мын урс æмбæрзæнджын стъолы фарсмæ баидонмæ аца- мыдта, сбад, зæгъгæ. Æз цыдæр æпæарæхст бадт æр- кодтон. 20
Шурæ стъолы фарсмæ мæ комкоммæ æрбадт. Æз ма" дыууæ мæйы фæстæ фыццаг хатт æдзынæг ныккастæн йе ’рвгъуыз цæстытæм. Афтæ мæм фæкаст, цыма уый бæрæг фæрæсугъддæр, фæсерьезондæр. Æваст йæ бынатæй фестад, астæуккаг дуарыл сыхаг уатмæ бахызт. Уайтагъд æнахуыр уаты къуымты мæ цæстытæ аир- вæзтысты. Дыууæ хъæдын сынтæджы комкоммæ къулыл хуымæтæг къулæмбæрзæнтæ, иу къуымы чысыл стъолыл патефон, дзаумæтты скъапп — æппæт уыдон уыдысты Симоны хæдзары хъæздыгдзинад. Шурæ уалынмæ чысыл тарелкæйы былкъахыр уæ- либых æрбахаста æмæ мын æй мæ разы æрæвæрдта. Æз сæфсæрмы дæн. — Ницы мæ хъæуы, исты уырдыгæй ардæм хæрынмæ’ æрбацыдтæн! — мæхи йын афæдзæхстон. — Æнæнцой фæу, кæд куыд æнæуæндаг дæ! Æз аф- тæ зæгъын, хæрынмæ æрбацыдтæ?.. Чысыл мемæ ахæр, иунæгæй мæнмæ дæр хæрын нæ цæуы, — дзырдта Шурæ æмæ уазал уæлибых цалдæр цъæлы акодта. Йæхæдæг мæ фарсмæ æрбадт. Бирæ фæныхас кодтам. Дзырдтам, фæлварæнты цы бауыдзыстæм, ууыл. Ныхас нæм æрæфтыд хæстыл, Шу- рæйы ныййарджытыл. Уыцы цауты тыххæй мæ цымы- дис фарстытæн куыддæр зивæгæй лæвæрдта Шурæ дзуапп. Уый хатгæйæ йæ æз дæр ницæмæй уал бафарс- тон. Фæстагмæ иæм ныхас æрæфтыд Хъасболы тыххæй. — Æмбалæй хатыр кæнын тынг зоны Хъасбол, нæу мæгуырау лæппу. Æз, уый æмæ Зæлн æртæйæ иумæ арæх фæцæттæ кæнæм нæ уроктæ. Куыд хорз уаид, Мы- сост, ды дæр нæ хъæуы куы цæрис! Мах уæд цыппарæй иумæ цæттæ кæниккам. — Æидæр ма цы ис хорз миииуæгæй Хъасболмæ? — куыддæр æнæрхъуыдыйæ афарстоп Шурæйы. — Хъасбол ахуыр хорз кæны, æиæуи дæр æм æпæ- гъдау мийæ мæ зæрдæ никуы фехсайдта. Демæ дæр хæ- лар куы у. Æвæццæгæн, искæйтау æнæуаг куы уаид, уæд ды дæр йем’æ афтæ хæлар нæ уаис. — Иу-чысыл фер- хæцыд, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Уый мæнмæ афтæ кæсы æмæ нæ зоиыи. — Нæ къласы æмбæлттæй дæм иууыл хуыздæр чи кæсы, уæдæ? — афарстон та йæ æз. — Нæ къласы? Æмæ кæмæй загъдæуа!.. Ды мæ цу- 21
ры куынæ уаис, уæд дæуæй загътаин. Æрмæст ды æгæр мадзура дæ. Хъæндзинад алкæмæ дæр ис: Хъасболмæ, Исмелмæ, иннæтæм дæр. — Уæддæр цы цухдзинад хатыс Хъасболмæ? Цæвит- тон, нæ къласы æз Хъасболæй хæлардæр никæимæ дæн æмæ йæм ницы цухдзинад хатын. — Æмæ уымæн чизоны цухдзинад схонæн дæр нæй, — чызг фæтыхст, стæй цыма стыр сусæгдзинад зыдта æмæ йын искæмæй фехъусынæй тарст, уыйау мын мæ хъусы дзурæгау бакодта: — Хъасбол æгæр урскъух у, æдзух йæ пысултæм кæ- сын уарзы. Хъасбол æдзух йæ пысултæм кæсын кæй уарзы, уым Шурæ æвзæрæй цы федта, уый æз нæ бамбæрстон, нал дæр æй фæрсгæ бакодтон. Шурæ Исмелæй дæр æппæлыд: «æнæуи галиу у, фæ- лæ æмбалы тыххæй йæ уд дæр ратдзæнис». Мæ фæлтæрддзинад цас ахста, уымæ гæсгæ Шурæ раст аргъ кодта алкæмæн дæр. Исмел æцæгдæр ахæм уыд. Уый мæнæн йæ фыццаг фендæй фæстæмæ мæ цæс- ты сындз уыд, фæлæ иу цауы фæстæ мæ цæсты тынг фæкадджын. Уый размæ фæззæджы иу бон нæ къласы лæппутимæ хуссары хъæдмæ ацыдыстæм кæрдо хæрынмæ. Исмел уыцы рæстæджы Шурæмæ тынг мæсты уыд. Уый раз- мæ бон ын йе ’взæр уагахасты тыххæй фæскомцæдисон æмбырды йæ фарст æрæвæрдта, тынг æй бафхæрдта. Æз Хъасболимæ иу кæрдо бæласыл схызтæн æмæ мæхи цæстæй федтон, Исмел сыхаг кæрдойы бын иу лæппу- мæ куыд бацыд æмæ йыл тымбыл къухæй куыд балæу- уыд, уыцы ныв. Мах бæласæй æргæппытæ кодтам æмæ сæм балыгъдыстæм. Уæдмæ сæ баиргъæвтой. Æз æмæ Хъасбол уайдзæф кодтам Исмелæн, æнæхсæст, гуымир кæй у, уый тыххæй. Иæ хылы аххосаджы тыххæй йæ- хæдæг сыбыртт дæр не скодта, фæлæ сæ цуры чи уыд, уыдон нын куыд загътой, афтæмæй Исмел чемæ хыл кодта, уый æнæфсармæй кодта Шурæйы кой. Мæнæн Шурæйы ныхæстæм уыцы цау мæ зæрдыл •æрбалæууыд. Æвæццæгæн, уыцы хабар Шурæйы хъус- тыл дæр æрцыд æмæ Исмелы æмгæртты уарзаг дæр уы- мæн хуыдта. 1 Иумæ дзæвгар фæныхас кодта, æмæ ныл чизоны но- джы дæр цас рæстæг аивгъуыдтаид æнæрахатгæ, фæлæ уæдмæ кæрты дуары уынæрмæ Шурæ куы акаст æмæ 22
Зæли æрбацæуы, зæгъгæ, куы загъта, уæд æз дæр сыс- тадтæп мæ бынатæй. Ие, уый уыдис Шурæимæ нæ зæрдæбын ныхæсты, нæ хæлардзинад раргом кæныны иууыл стырдæр цау. о Фæстаг къласы мæм амонд йæ дзыхы дзаг ныххудт. Ахуыры фыццаг бонты Зæлимæ сæвзæрд Октябры бæ- рæгбопмæ пьесæ равдисыны фæнд. Иу сабат изæры фæсурокты мæн дæр æрурæдта æмæ мын загъта: — Æцæг дын зын уыдзæн, Мысост, репетициты рæс- тæджы æхсæвыгæтты уæхимæ цæуын, фæлæ ацы хатт нæ пьесæйы хъуамæ хайад райсай. Науæд сæйраг ар- хайджыты ролты ахæмтæ фæхъазынц æмæ дыууæ дзыр- ды æдæрсгæ нæ зæгъдзысты, залы ’рдæм кæсыны бæс- ты суфлермæ пыццæвыпц сæ цæстытæ. Æз сразы дæн. Пьесæйы Шурæ дæр хайад кæй иста* ид, уый хорз зыдтон æмæ ма мæн дæр æндæр хуыздæр хæрзиуæг цы хъуыд! Райдыдтам Елбыздыхъойы «Дыууæ хойы» цæттæ кæ- иын. Тынг æхсызгон уыд Шурæйæн, кружочы æз дæр хайад кæй истон, уый. Æз — Асиат, ды — Пупæ, зæгъ- гæ, дзырдта мын, фыццаг репетицимæ куы ’рæмбырд стæм, уæд. Æцæгдæр Пупæ æмæ Асиаты рольтæ рай- дыдтам мах цæттæ кæиын. Хъасбол Асиаты скъæфæг уыд, æз йе ’нувыд уарзон, йæ ирвæзынгæнæг. О, куыд хорз уыд! Шурæйы адæмы ’хсæн æрбахъæбыс кодтон афтæ дзургæ: «Асиат, мæ уарзоп, мауал тæрс ныр. Ду- пе дæр — мах, цард дæр — мах». Спектаклы фæстæ залы адæм айхæлдысты. Мах сце- нæ бафснайдтам æмæ актертæй алчи дæр йæ хæдзар- мæ рараст. Клуб хъæуы сæр уыдис æмæ хъæуы уынгты цæугæйæ алчи дæр иугай-дыгай «хæрзæхсæв», зæгъгæ, йæ хæдзармæ здæхт. Æппæты фæстагмæ та ног Шурæ- имæ иумæ баззадтæн фæндагыл. Сæ хæдзармæ фездæ- хæны æрлæууыдыстæм. Æз æнæдзургæйæ Шурæйы къух ме ’рмтты æрбатымбыл кодтон æмæ мæ кæд афтæ фæнд- гæ нæ кодта, уæддæр ын «хæрзæхсæв» зæгъыпæй дард- дæр ме ’взагыл иицы æрбабадт. — Куыд тагъд кæныс? — цыдæр ризгæ хъæлæсы уа- гæй мæ афарста Шурæ. Мæнæн дзуапп радтын фæзын. 23
Иæ хъарм къухтæ йын мæ риумæ æрбалхъивынæй дард- дæр ницы сарæхстæн. — Уыцы къæбыртыл иунæгæй куыд уæндыс? Уæд та дæм искуыцæй тæрхъус фæхæпп кодта, — загъта æмæ мæм мидбылхудгæ йæ цæхæр цæстытæ сзылдта. Мæй- рухсмæ мæм цыдæр диссаг феыддаг фæкаст йæ цæсгом. Уæлдайдæр цæстытæ... Æнахуыр цæстытæ. Æз сæм аф- тæ бæстон никуыма ныккастæн. Уыдон таргъуыз æрфгуы- ты бын стъæлфæнтæ æппæрстой æмæ сæ мидæг зындис царды æгæрон денджыз. Гæнæн ис æмæ уыцы деиджы- зы улæптæ лæджы сæ уæлæ хæрдмæ сисой æмæ йæ, æх- цон зарджытæ гæнгæ, узгæйæ хæссой царды бæрзæнд- тæм. — Куыд хорз дæ, Шурæ!..— сирвæзт мæ куыддæр. Фæлæ мæ хъæлæсы уагæй мæхæдæг фефсæрмы дæп. Шурæ дæр мын æдзынæг мидбыл худтæй дзуапп рад- та æмæ йæ къухтыл ме ’рмттæй йæхирдæм ахæцыд. — Цæй, хæрзæхсæв уал у, — сдзырдта серьезои хъæ- лæсы уагæй æмæ фæстæмæ алæууыд. Æз цахæмдæр рухс бæллицты ныгъуылгæ яхицæн дæн Шурæйæ. * * * Ног уыцы иугъæдонæй цыдысты ахуыры боптæ. Би- рæ нал уыд не скъолайы фæстаг экзаментæм. Æз хорз зыдтон, ииститутмæ бахауып астæуккаг скъола иттæг хорз нысæнттæ фæуыныл баст кæй у, æмæ уымæ гæсгæ мæхи цæттæ кодтон. Шурæимæ пæ ахуыр сыгъзæрин майдантыл фæуынмæ нæ гæрзтæ бастам. Фæстаг семес- тры æппæт предметтæй иттæг хорз нысæпттæ райста Хъасбол дæр. Махæй алчи дæр хорз хатыд, цалдæр мæйы фæстæ царды æгæрон тыгъдады, базырджып цæргæсау, кæй тæхдзыстæм, алкæй раз дæр нæ стырдæр хæстæ кæй ис. Ацы хъуыддаг, æвæццæгæн, хатыд Исмел дæр, ныр уый йæ зонд æрцахста. Ахуырмæ дæр бирæ фæрæвдз- дæр. Æз Исмелимæ дæр, Хъасболау, схæлар дæн. Сæ дыууæйæп дæр ницы сусæг кодтон. Фæлæ æдзух Шурæ- имæ мæ зæрдæ кæй дзырдта, уый сæ никуы никæмæн загътон. Æниу сын цы хъуамæ загътаин. Шурæйы æцæг уарзгæ кодтон, мæ сомбоны цард йемæ сиу кæиып кæй уыд мæ нысан, ууыл мæхæдæг дæр рæстмæ никуы ахъуы- 24
ды кодтон. Æз Шурæйы уарзын, зæгъгæ, искæмæй куы фехъуыстаин, уæд æм фæхæрам уыдаин, алывыд ын^ акалдтаин. Мæн Шурæимæ фæндыд æрмæст ныхас кæнын, фæн- дыдис-иу мæ йæ фидыцджын уæнгты кондмæ йын арæх- дæр куы кастаин, куыд æгъдауджын, куыд хæрззонд у, уый искæмæй куы хъуыстаин. Фæлæ-иу хатт мæ сæры фæмидæг, уæды онг мæм чи нæма ’рцыд, ахæм зæрдæ- сæттæн хъуыды: Мæнæ тагъд нæ ахуыр фæуыдзыстæм æмæ, чизоны, цæуыл ахицæн уа нæ хъысмæт, Шурæ йе скъола каст куы фæуа, уæд гæнæн ис æмæ чындзы дæр ацæуа æмæ ма мын уæд цы амалæй уыдзæн йæ уыны- ны, йемæ иыхас кæпыны фадат?!. Фæлæ-иу мын уый хыгъд сæры магъз лæвæрдта дзуапп: «Нæй», зæгъгæ, æмæ-иу цыдæр æиахуыр тасæй мæ сæры хъуын барц сбадт. 6 Зæрдæ бонæй-бон хивæнддæр, бонæй-бон æнæфсис- дæр кодта. Мæнæн пал фаг кодта Шурæмæ æрмæст кæ- сын, йæ дзыхы дзырдмæ æрмæст къласы хъусын. Фæн- дыд мæ, æдзух иумæ хибарæй куы ныхас кодтаиккам, йæ къух мæ армы куы уыдаид, йæ сулæфтмæ æввахсдæр куы хъуыстаин. Фæлæ æппæт ахæмты фадат мæнæн цы хуыцау лæвæрдта! Æз ног пьесæ сæвæрын бауыпаффæ кодтон æмбæлт- тæн. Фæндыд мæ, Шурæйы уарзыпы ролы та куы ахъа- зыдаин, уымæй размæйы пьесæйау та нæ цард æиустæм куы сиу уыдаид, фæлæ мын уымæй дæр ницыуал рауад. «Цафон пьесæ ма у, фæстаг экзаментæ æрцæуынц æмæ нын рæстæг нæхи бацæттæ кæнынæн дæр куы пал фаг кæны» — уыд сæ дзуапп. Нæй, исты мæ æрымысын хъæуы, нымад боптæ ма баззад нæ ахуыры кæронмæ, æмæ уæд Шурæ дæр ба- зырджын кæсагау къухæй агæпп кæндзæн царды æгæ- рон денджызмæ. Боныфæстагмæ, цæмæй æфсæрмы кæ- нын! Шурæ мыл йæхæдæг дæр æиæуæндаг, къæмдзæсты- гæй худы. Æмæ уый мæхицæн нал ныббардзынæн. Æз тæккæ райсом фæсурокты сæ хæдзармæ бацæудзыпæп æмæ йын æргом зæгъдзынæн мæ зæрдæйы фæндоп. Шу- рæ мыл йæхæдæг дæр уæлæхох кæй нæу, уый та мæхæдæг 25
дæр хатын. Кæд мæ нæ уарзы, уæддæр уый æргомзæр- .дæ чызг у, хыл мæм нæ фæкæндзæн — æргом дзуапп мын ратдзæн, — ахæм фæндтимæ-иу рацыдтæн нæ хъæ- уæй скъоламæ, фæлæ та-иу фæсурокты ницыуал бауæн- дыдтæн, мæхи мидæг-иу нындзыг дæн. Шурæйы цæс- тытæ-иу мæ ныббастой. Майы бæрæгбоны размæ æз æппæт мæ уæндондзинад -æрæмбырд кодтон æмæ «фæсурокты сымахмæ цæуын уазæгуат», зæгъгæ, йын загътоп хъазын æфсон. — Æри мæм дæ къух, уæдæ, чи нæ рацæуа, худинаг, чи пæ рацæуа, кæуинаг! — загъта мын Шурæ æмæ мын мæ армы тъæпæн пырх къухæй зæрдиаг цæф фæкодта. — Æмæ исты фысымиуæг дæ бон бауыдзæн? — афар- стон æй. — Дæу тыххæй? — æмæ йæ хъæлæс фæныллæгдæр кодта.— Дæу тыххæй æппæт дæр ссардзыстæм, — загъ- та Шурæ. Йæ зæрдæ ме ’рдæм кæй у, æппæт æмбæлтты уæлдай мемæ цыдæр адджындæр пыхас кæй кæны, ууыл æз нал гуырысхо кодтон. Æз, æцæгдæр, фæсурокты нæ хъæуккаг æмбæлттæй мæхи фæхибар кодтон æмæ сæ хæдзармæ баздæхынæй Шурæйæн зæрдæ бавæрдтон. Фæлæ Шурæ мæнæн хæй- рæг ми бакодта. Мæ фенгæйæ, Сидоимæ фæндагмæ мæ размæ рацыдысты, мидæмæ мæ бакодтой. Хæдзары сæм уазджытæ дæр уыд, уый куы базыдтон, уæд хорзау нал фæдæн. Фæстæмæ здæхæн нал уыд. Шурæ райсом дæр зыдта, уазджытæ сæм кæй уыдаид, уый æмæ-иу мæнмæ æрбакæсгæйæ хинæйдзаг худт бакодта. — Ныхас иыхас у. Æз мæ дзырд нæ фæсайдтон,— -загъта Шурæ æмæ стæй Сидойæн раргом кодта æрбаз- дæхыны тыххæй скъолайы дзырд кæй уыдыстæм. — Æмæ нæм цæуылнæ хъуамæ фездæхай, дæ сæрыл мæ æрхæссай. Æмбæлттæ стут æмæ цас диссаг у! — дзырдта мын Сидо рæвдауæн хъæлæсæй. Симон мыл тынг баузæлыд. Уазджытæн мæ базонгæ .кодта: — Шурæимæ иумæ ахуыр кæнынц. Ахуыр сæ дыууæ дæр хорз кæнынц, фæлæ-иу æппæт сæхицæй бузныг ма уæд. Æцæг, кусгæ бирæ кæнынц, уавæртæй хорз пайда кæнынц, фæлæ ахæм уавæртæ махæн куы уыдаид, уæд :мах дæр афтæ къæпдзыхæй нæ баззадаиккам. Сымахæн нырма разæй сты уæ царды бонтæ. — Симои ме ’рдæм æрбаздæхт.— Хуыцау уын ноджы дæр хорз амонд рад- 26
тæд. Фæлæ мах фыдбон æмæ цыфыддæр зындзинæдтæ быхсынæн гуырд фестæм. Мæнæ адон мæ хæлар адæм сты, — уазджытыл йæ цæст ахæсгæйæ, дзырдта дард- дæр Симон, æмæ мын сæ иу — буррихи ацæргæ зæронд лæгмæ ацамыдта: — Мæнæ Тадиозимæ дæ карæй фин- йау иумæ цыдыстæм. Фæстæдæр та меньшевикты ных- мæ æххормаг, бæгънæгæй тох кодтам, æмæ Гитлеры ных- мæ тохы дæр цард æмæ мæлæты арæныл кæронмæ æнæ- цæстфæныкъулгæйæ фæцыдыстæм. Уыцы зындзипæдтæ канд нæхи тыххæй нæ быхстам, фæлæ нæ фæлтæры сом- боны амондыл дæр хъуыды кодтам, — Симон бапъироз йæ дзыхы бакодта, æртхосы къоппæй иу хал систа, йæ- хæдæг æй йæ дыууæ уæраджы астæу фæцавта æмæ йыл хал куы ссыгъд, уæд æй арæхстгай сдардта йæ бапъи- розыл. Æвзонджы бонты куысты арт чи уыд, ууыл дзурæг уыдысты йæ фæтæн уæхсджытæ æмæ зындзинæдтæ кæй нæ бадомдтой, уыцы ныфсджын цæстæнгас. Иæхи ны- хæстæм гæсгæ кæддæр най кæнын, кæнæ æндæр ахæм рог куыстытæ йæ сæрмæ чи нæ хаста, уый ныр колхозы æфтауцдоны хъахъхъæнæгæй йæ бонтæ кæй æрвиты, уый мæм тугтæригъæд фæкаст. Симоны ныхæстæм хъусын мын кæд æхцон уыд, уæд- дæр мæм аив нæ каст ас адæмимæ сæрысуанг бадын æмæ семæ нуазын. Уайтагъд сæ хатыр ракуырдтон æмæ сын хæрзбон загътон. Сидо кæрты мæнгагъуысты хæринæгтимæ архайдта. Афтæ тагъд кæй рацыдтæн, уый тыххæй мын бауайдзæф кодта: — Фæлæууыдаис уал, Шурæ дæ кæд истæмæн хъуыд, кæдæмдæр æй арвыстон, ныртæккæ уый дæр æрбацæу- дзæн, цы тагъд кæныс, — счъилдысæй асиныл æрхизгæ- йæ, мæ размæ æрбацыд зæронд ус. Мидæмæ ма кæм бахызтаин. Сидо зæрдæбын ныхасгæнгæ мæ фæстæ дзæв- гар фæцыд. — Кæд дæм мæхи хъæбулы зæрдæ нæ дарын, уæд мын амæлæд Шурæ дæр æмæ мæ иунæг æфсымæр Хыдыр дæр. Ардæм ахуырмæ æрбацыдтæ уæдæй фæстæмæ Шурæ дæуæй куыд райгонд у!.. Шурæ мæгуыр чызг у, пæ дæр ын æфсымæр ис, нæ дæр хицон. Æфсымæры рæвдыд æй ды кæныс, æмæ дæ мад дæ хурæй бафсæдæд. Дæ мади- мæ иу хъæуæй рацыдыстæм чындзы. Бирæ фыдæбæттæ бавзæрста æмæ йын йæ зæрдæ ды кæй барухс кодтай, 27
уымæй мæ уд дæ фæхъхъау, — дзырдта ус æнкарæн- джын хъæлæсæй. Иу уысм æдзынæг алæууыд. Йæ зæрдæ суынгæг. — Фæлæ Шурæ куыд уыдзæн, Шурæ! — дзырдта дард- дæр катайгæнгæ, — иууыл йæ ахуыримæ дзуры йæ зæр- дæ. Фидæнмæ, дам, горæтмæ цаеуын ахуыр кæнынмæ, æндæр фæрæз æй нал ис, æмæ, цæй, куыд ыл баууæн- дон. Уæддæр чызг у æмæ дæхæдæг зоныс... Исты худи- наджы хъæр дзы куы айхъуыса, уæд ма мæ удæгас цы у! Уæд та уæ дыууæ амæй фæстæмæ дæр иумæ куыуаик- кат, дæ хъус æм дарис, демæ йын ницæмæй фæтæрсин. Тынг фæтæригъæд кодтон, Шурæйыл мæтæй йæ сом- боныл хъуыдытæй йе ’нцойад кæмæн фесæфт, уыцы зæ- ронд усæн. Æрсабыр æй кодтон, зæгъын, уый æнцон хъуыддаг у, ам уал нæ ахуыр фæуæм, стæй дарддæры хъуыддаджы тыххæй дæр дзæбæх исты æрымысдзыс- тæм. Сидойы ма ноджы дæр ныхæстæ кæнын фæндыд, фæ- лæ уазджытæм йæ зæрдæ æхсайдта æмæ атагъд кодта. Æз сабыр къахдзæфтæй цыдтæн нæхимæ. Æппын- æдзух мæ хъусты зæлыдысты Сидойы ныхæстæ: «Амæй фæстæмæ дæр иумæ куы уаиккат». Зæронд усы ныхæстæ мыл цыдæр хъару æфтыдтой. Сидойы, стæй Симоны цæсты дæр æгад кæй нæ дæн, сæ хæдзары дуæрттæ мын рæдауæй кæй байгом кодтой, уый дæр мæгуырау нæу. О, куыд хорз уаид, амæй фæстæмæ дæр Шурæимæ куы уаин. Йæ мады дæр уый фæнды æмæ ма мæн дæр уымæй хуыздæр цы хъæуы. Ныр хъуыддаг рæвдз у. Шу- рæимæ баиыхас кæидзынæн. Сом сабат у, фæсурокты йæм комкоммæ сæ хæдзармæ бацæудзыпæн. Кæрон скæнын хъæуы, боныфæстагмæ, нырмæйы къæмдзæстыг- дзинадæн. Зноны саби дæр нал дæн, æстдæс азы мыл цæуы. Науæд къæмдзæстыг та цы у? Уый комкоммæдæр æргъæвст адæймаджы нысан у, æндæр цы! Æмæ æр- гъæвст лæгыл та цард никуы æрхæцдзæн. Тæккæ рай- сом æппæтæп дæр кæрон уыдзæн. Ам цы ис зындзипа- дæй, йе аив цы ыæ уа, ахæмæй. Стæй æнæмæнг хъуыд- даг нæу еныр тæккæ сиу кæнæм нæ цард. Асиат æмæ Ахмæт, æстæм къласы ма куы ахуыр кодтой, кæрæдзи- йæн уарзопдзинады дзырд уæд загътой. Уый фæстæ уæл- дæр ахуырмæ дæр иумæ адымдтой æмæ нырма фарон счыидзæхсæв кодтой. Ахæм хъуыдытæгæнгæйæ, къæвдабои къæдзæхы бы- 28
рынцъаг иукъахвæндагыл куыд рахызтæн æмæ нæ кæр- ты каудуары мидæгæй куыд балæууыдтæн, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. * * * Дыккаг бон скъоламæ иннæ хæттытæй раздæр бацыд- тæн. Къласы Шурæйы баййæфтон, йæ партайыл бадгæ- йæ цыдæр чиныг каст. Цалынмæ йæ уæлхъус балæууыд- тæн, уæдмæ мæ нæ базыдта. Мæ фенгæйæ, йæ кæсын фæ- уагъта æмæ йæ цæстытæ аууæрста. — Æз абон дежурне дæн, фæлæ дæу та уа раджы цы ’фсæрм уыд? — хъазгæйæ мæ фарста Шурæ, стæй мæ дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй мып йæ разы чиныгмæ ацамыдта. — Диссаджы чииыг. Ды кастæ мыййаг Аббат Превойы роман «Мапоп Леско»? — О, кастæн æй, тынг æрхæндæг роман у. — Тыпг хорз чиныг у. Де Грнейау æпувыд уарзын куы зонис, лæг йеуæд уаис, йе! Ды зоныс, уарзондзи- над цы дыргъ у, уый? — Уарзондзинад æнахуыр дыргъ у, кæмæн адджын у, тсæмæн фыдмаст, — куыдцæр æнæахъуыдыйæ уыд мæ дзуапп. — Уæдæ ды иæ зоныс уыцы дыргъы ад. Мастæй маст у, фæлæ уыцы масты мидæг ис адджындзннад дæр,— загъта мын Шурæ æмæ мæм, къæхты быпмæ ныуулæф- гæйæ, æдзыпæг æрбакаст. —Уæдæ ды бавзæрстай уыцы дыргъы ад? — уарзоп- дзинадыл йæхæдæг дзырд кæм æрæппæрста, уым ныр мæнæн фадат фæци Шурæпы зæрдæйы рис базопыпæн æмæ партæйыл йæ фарсмæ æрбадтæп. Фæлæ уалынмæ ахуыргæнинæгтæ иугай-дыгай мидæмæ хизын райдыд- той æмæ мæиæн ахæмты фадат пал уыд. — Кæд дæ сæрмæ хæссыс, уæд мæ цуры сбад, абон уæддæр Зæли ам нæ уыдзæн. Знон цыдæр æхсызгои хъуыддаджы тыххæй ахуыргæнджытæй йæхн ракуырд- та, — мæ хъусы дзурæгау мып бакодта Шурæ. Мæнæн уымæй æхсызгондæр цы хъуамæ уыдаид! Фыццаг урок нын алгебрæйæ коитролон куыст уыд. Мах нæ цæвиттоптæ уайтагъд ракодтам æмæ урочы æмби- сæй фылдæр сæрибар уыдыстæм. Кæд кæрæдзимæ хæрз хæстæг бадтыстæм, уæддæр дзурып аив кæй нæ уыд, уый хатгæйæ гæххæттыл фысгæйæ ныхас кодтам. 29
— Знон та æнæ мæн’цæмæн ралыгътæ? Æвæццæгæн, фысымтæй дæ зæрдæ нæ рухс кодта, — фыста мæм Шу- рæ. — Тынг хорз мæ суазæг кодтой, уый тыххæй бузныг, фæлæ мæ æцæгæлон адæмы æхсæн бамидæг кодтай æмæ ма дæм уый тыххæй мæсты дæр сдæн. Шурæ мæ дзуапп бакæсыны фæстæ ницыуал фыста. Æз аскъуыддзаг кодтон, зæгъын æм ыыртæккæ гæх- хæттыл ныффыссоп мæ зæрдæпы фæ’ндои. Афтæ аивдæр уыдзæн, стæй æицондæр, науæд та æндæр хатт ме ’взаг куынæ сырæхса. Фыссæн снс черпилæйы стылдтоп, фæлæ куыд райдыдтаин, куыд аивдæр уыдаид, ууыл хъуыды кодтон. Шурæ та йæхæдæг фæраздæр: — Дысоп мыи напа дзырдта, Мысостимæ, дам, ацу горæтмæ уæлдæр ахуырмæ. — Æмæ йын ды цы загътай? — Зæгъгæ йын цы хъуамæ кодтаин! Загътои ын, ныр~ ма раджы у, нæ экзаменты мæт уал бакæнæм, зæгъып. — Æмæ мемæ ацæуып дæхи фæнды? Дæ зæрдæ мыл дарыс? — Демæ æз кæдæмдæриддæр ацæудзынæн, суанг ма ингæпмæ дæр. Демæ, æрмæстдæр демæ. Шурæйы ныхæстæ мыл æнахуыр æхцондзинад æфтыд- той. Уый мын комкоммæ йæхæдæг куы ’ргом кæны йæ уарзопдзинад. Цы ма мын зæгъа уæдæ æндæр? — Уæдæ дæ дзырд нæ фæсайдзынæ? — афыстон та йæм. — Ныхас ныхас у æмæ нын сайæн нæй, — уыд йæ цыбыр дзуапп. Дзæнгæрæг ныццагътой. Ахуыргæнинæгтæ сæ партатæй нæма растадысты, аф- тæ историйы ахуыргæнæг Панцхава Архип æрбахызт къласмæ. — Сом, хуыцаубоны, дзырд куыд уыдыстæм, афтæ- мæй экскурсийы цæуæм Мæсгуыты коммæ. Нæ фехъуыс- топ мачн зæгъæд, — бафæдзæхста нæ. Уыцы боны хуызæн циндзинад никуы ма банкъард- тон Думасты хъæуы æгас æртæ азы дæргъы. Афтæ мæм каст, цыма Шурæнмæ дзырдгонд уыдтæн. Æрмæст ма нæ дыууæйы дæр сыгъзæрин раайдан райсын хъуыд æмæ уæд уæлдæр ахуырмæ бынтон æнæгуырысхойæ бахау- дзыстæм. Стæй Шурæимæ иумæ кæм уыдзыстæм, уым æппæтæн дæр фадат уыдзæн. 30
Уыцы ’хсæв арвыл мигъы къæм иикуыцæй зынд. Æх- сæв мæ иунæгæй æхцон сæнтты ныгъуылынмæ йæхимæ- ласта. Æз кæрты хуыссыдтæн. Сиренты æхцон тæф æмæ^ бал бæлæсты сыфтæрты сусæг сыбар-сыбур зæрдæ æхцон хъыдзы кодтой. Ног мæй ныгуылæны ’рдыгæй исдуг дзæвгар фæлæу- уыд, цыма стъалытæн фæдзæхста, дидинтæй фæлыст бæстæ талынг кæнын ма бауадзут, зæгъгæ, стæй йæхæ- дæг æхсæвиуат кæныпмæ фæсхохмæ пыххызт. Æз æвдисæп уыдтæн, боныцъæхмæ фæрухс-фæрухс- гæнгæ мæ сæрмæ стъалытæ куыд сыгъдысты, уымæн. Суанг сбонмæ æнахуыр бæллицты ныгъуылдтæн, æнæ- бæрæг рæсугъд сæнттæ мæ сæ фæлмæп базыртыл уæ- лæрвты хастой. Шурæимæ пæ сомбопы царды алыгъуы- зон сценæтæ цæсты раз æппынæдзух кæрæдзи ивтой. Фыццаг кæркуасæнты куыддæр мæ цæстытæ кæрæ- дзийыл авæрдтои. Мæнæ Шурæимæ стыр дендэхызы æнахуыр бæлæгъы ленк кæиæм. Фæлæ æваст сыстад тых дымгæ æмæ нæ иу къæдзæхы ’рдæм ахаста. Æнахуыр уæйгуыты бæстæм бахаудыстæм. Шурæ тæссæй мæ цонгыл ныззезелæг. Мæнæй йæ исынц, æз дæр ыл фидæр ныххæцыдтæн. «Суадз дæ къухтæ, дзигло, уый дæуæи æвгъау у!» — фæхъæр мыл кодта сæ иу. Шурæ сын лæгъстæ кодта, æвзонг уарзæттæ стæм, фæтæригъæд нын кæнут, зæгъ- гæ. Сæ иу хæларзæрдæ разынд, бауынаффæ сып кодта: «Уадзæм сæ иумæ, æрмæст мæлæты бопмæ нæ цагъар- тæ куыд уон», зæгъгæ. Ма нæ ахицæи кæпут, уый йеттæ- мæ алы фыдмитыл дæр разы стæм, — цингæнгæ сразы Шурæ. Мæнæн дард лæгæтмæ къæйдуртæ хæссын кодтой. Фыдæбонæй баизæр кодтон. Шурæмæ ацæуыны бар мык радтой. Фæлæ кæм и? Нал æй арын. Залымтæй сæ иуыл мæхи ныццавтоп, кард ын йæ гуыбыны атъыстон, уый мын мæ хурхыл ныххæцыд, æз куыддæр мæ дзыхыдзаг фæбогъ кодтон. Æваст фехъал дæн. Æвзæр хуыссыдтæн, мæ галиу фарс куыддæр нын- дзыг æмæ йæ дыз-дызæй не ’нцад. Мæ хуыссæныл иу- дзæвгар бадгæйæ баззадтæн. Сæуæхсиды зæрин тынтæм арвы кæрæттæ фæсырх сты æмæ мæ сæрмæ стъалыты нымæц къаддæрæй-къад- дæр кодта. Афтæ мæм зындис, цыма цахæ?адæр диссаджы карк зилы арвы сæрмæ стъалытыл æмæ сæ нартхоры нæм- гуытау иугай-дыгай уидзы. 31
7 Дардæй бакæсгæйæ скъолайы кæрты алыгъуызон дидинджытау зындысты уалдзыгон дарæсы фæлыст •ахуыргæнинæгтæ. Мæ бацыдмæ хъазт самадтой. Ирон фæндыры æхцон зæлтæ райсомы уæлдæфы гæлæбутау тахтысты алырдæм. Цардбæл фæсивæды цины хъæлæ- бамæ скъолайы сæрмæ телефоны телтыл бадæг зæрва- тыччытæ дæр хъусынтыл фесты. Фæсивæды къæрццæмдзæгъд фæтынгдæр. Хъазты ’хсæн Хъасболы даргъ бецыкк ауыдтон хæрдмæ хаугæ. Куы йæ иу къух, куы-иу иннæ рæстæгæй-рæстæгмæ хæрд- мæ кæй фæдардта, уымæй уайтагъд рахатыдтон ног, тар дъæх хæдон ыл кæй уыд. Чемæ кафыд, уыцы чызг ба- зонынмæ дæр бацымыдис кодтон, фæлæ уый Хъасболæй бирæ ныллæгдæр кæй уыд, уымæ гæсгæ утæппæт адæмы ’хсæн нæ зынд. Æз комкоммæ къласмæ бацыдтæн. Фыссæн фæйнæ- .джы фарсмæ рудзыпггæрон Зæлийæн иу чызг йæ хъусы цæуылдæр сусæг сусу-бусу кодта. Мæ фенгæйæ æваст ■ фæхъус сты. Сæ уæлхъус афтæ æнæарæхстæй кæй ба- лæууыдтæн, уымæй цæмæй ма фефсæрмы уыдаиккой, уый тыххæй хъазыны ’фсон хъуыддаг фергом кодтоп. — Хъæрæй зæгъут уæ ныхасаг, уæддæр уын нæ фæ- сусæг уыдзæп. — Сусæггаг нæм ницы ис, Мысост. Мæпæ нæхицæн ныхæстæ кæпæм. Абон хуыцаубон у æмæ бынтон куы никæп кой ракæиæм, дамтæ куынæ фæуæрæхдæр кæпæм, нæхæдæг дæр сæм куы ницы афтауæм, уæд мах дæр хъæстагæй баззандзыстæм,— уыцы пыхæстæ Зæлн цыма бынтои серьезон æгъдауæй дзырдта, уыйау гæзæмæ йæ мидбыл дæр нæ фæхудт. Хъазæн ныхас-иу кæддæрид- дæр афтæ серьезонæй дзырдта æмæ лæг æпæбахудгæ нæ фæуыдаид. Хорз адæймаг уыд Зæли, æгъдауджын, комкоммæ дзураг. Æваст мæ сæры иу хъуыды февзæрд: Ау, пыры онг Шурæйы тыххæй Зæлийæи цæуылнæ искуы исты æркой кодтоп. Чызг чызджимæ уæддæр ссардзæн иумæйаг æв- заг. Æниу ма ныр не ’хсæн æртыккаг адæймаг цы пай- да V! Цæуын афон у, зæгъгæ, ахуыргæнджытæ сæ кабине- тæй(рахызтысты. Фæсивæд пырхытæй араст сты Мæсгуы- ты комы ’рдæм. Зæлииты фæстæ ахызтæн æз дæр. Уы- цы ’хсæвы хуыссæгхъæлдзæгæй мæ уæпгтæ куыддæр 32
калдгонд уыдысты. Мæхи фæстейæ æрурæдтон. Аивæй адæмы ’хсæн Шурæйы агуырдтон, фæлæ йыл мæ цæст никуы схæцыд. Фæстейæ мæ нæ директор — ирон æвзаджы ахуыр- гæнæг Барис æрбаййæфта. Мах ныхæстæгæнгæ сабыр цыдыстæм. Мæ ахуыргæнджытæй Барисы йас никæй уарзтон. Ирон литературæ мын уый бауарзын кодта. Нæхи скъолайы ахуыргæнгæйæ, мæн фæндыд инженер кæнæ дохтыр суæвын, фæлæ æртæ азы дæргъы Барисы уроктæм хъусгæйæ мæ бæллиц ссис ахуыргæнæг суæвын æмæ ирон литературæ ахуыргæнинæгтæн бауарзынкæ- ньгны хæс мæ къухмæ райсып. — Уæдæ ирон æвзаг æмæ литературæйы дæсны хъуа- мæ суай, зæгъыс, Мысост, и?— фарста мæ Барис мяр фæнд зонгæйæ. — Афтæ у мæ фæнд, ахуыргæнæг. Æрмæстдæр мæм дæ руаджы ’рцыд ахæм фæнд. Нæ адæмы литературæ- йы уарзондзинад мæм ды сæвзæрын кодтай. Мæ царды мидæг дæуæй стыр хæсджын дæн. Æмæ дын дæ лæг- гæдтæ... — мæ бон ницы уал зæгъын баци. Мæ уарзон хъомылгæнæджы раз мæм мæ ныхæстæ цæстмæхъус- дзинадау фæкастысты. Барис мын, æрдхорд æмгарау, йæ къух мæ уæхскыл æрæвæрдта æмæ мын рæвдауæн хъæлæсæй загъта: — Ахуыргæнæджы лæггæдтæ йæ хъомылкæнинаг æр- мæстдæр йттæг хорз уагахаст æмæ ахуыркæнгæйæ фиды. Æндæр уый ницæмæй фидгæ у. Ирон литературæйы спе- циалист суæвгæйæ, сомбоны фæлтæры зæрдæтыл нæ ирон адæмы духовон цардмæ уарзондзинады арт кæд баф- тауай, уæд уымæй æз мæхæдæг уыдзынæн дæ разы хæс- джып. Барисмæ æз фæуæндондæр дæн. Дзырдтам зæрдæйы интимон æнкъарæнтæй дарддæр, æппæтыл, фарста мяр иннæ ахуыргæнинæгтæй чи цы фæид кæны, зæгъгæ. Шу- рæйы тыххæй дæр нæм æрæфтыдис ныхас. Уый хуызæн курдиат æнæфæкæсæгæй бамынæгæн тугтæригъæд у, йæ ахуыр дарддæр кæнынæн ын баххуыс хъæуы, баразæн- гард кæнын æй хъæуы, зæгъгæ. Шурæйы тыххæй йын куыддæр ницы мæ бон баци зæгъын. Суанг Мæсгуыты коммæ ныхасгæнгæ нæ дыууæ иу- мæ фæцыдыстæм. Диссаг куыд нæ у Мæсгуыты комы æрдзы рæсугъд- дзинад. Дыууæ рагъы ’хсæн ком арф ахаста æмæ уæле- йæ дыууæ фыдæлтыккоп мæсыджы, уырдыгмæ сæрысты- 3. Нартыхты М. 33
рæй фæлгæсгæйæ, æдзынæг хъуыстой комы фынккалгæ æхсæрдзæнты зæлланг зардмæ. Хъæд ам фæтæнæг æмæ цъæх æрдузы алыхуызон дидинджытæ аив сфæлыстой. Мæргъты цины зарджытæ зæрдæйыл æнæбæрæг сагъæс æфтыдтой. Цыдæр мын нæ фаг кодта æмæ цы, уый та бæрæг уыд, иугæр Шурæйыл мæ цæст куы нæ схæцыд, уæд. Нæ уыд уыцы бон Шурæ экскурсантты ’хсæн. Æп- пынæдзух æй агуырдтон æмæ уым кæй нæ уыд, уымæй мæ сагъæс дывæр кодта. Æрдузы чысыл аулæфыдыстæм, ихы къæртты хуызæн уазал суадонæй банызтам æмæ цæхгæр хæрды мæсгуы- тæм схызтыстæм. Архип нын бирæ фæдзырдта мæсгуыты тыххæй. — Кæсут, уæлæ ныртæккæ мæргътæн ахстон скæны- нæн иууыл æнцонвадатдæр кæм у, уыцы хуынчъытæй нæ домбай фыдæлтæ топпы дзыхæй мæлæт æрвыстой хæд- дзу знæгтæн,—дзырдта ахуыргæнæг Архип, рæстæджы раууат тых йæ гакк кæуыл сæвæрдта, уыцы хъуына æмæ æрдæгпырхытæ мæсгуытæм амонгæйæ. Архип æнæферхæцгæ, цыма ам æрцæуæг æппæт цау- тæ йæхæдæг федта, ахæм уырпынгæнæг хъæлæсæй дзырд- та мæсгуыты æрцæугæ тохтыл, сæ саразыны нысаниуæ- гыл, ацы мæсгуыты историимæ æнгом баст чи у, ахæм адæмон легсндæтыл. Уæлдай тыпгдæр дзы мæ зæрдæмæ бахъардта иу ле- гендæ. Мæсгуытæй стырдæры хуылфмæ бахизгæйæ, адæйма- джы сæры кæхцы æнгæс чи уыд, ахæм къæйдурæй кæ- рæдзи фæстæ иугъæдон тагъдысты доны иугай æртæх- тæ... Сæ сæрибардзинады сæрыл иуахæмы ацы мæсыгæй рæстаг адæм бирæ фæтох кодтой. Мæйгæйтты фесты знаджы æрхъулайы. Фæстагмæ æххормаг æмæ фыддзар- дæй адæмыл низ сыстад æмæ быидзагъд фесты. Удæга- сæй ма дзы баззад сæ кæрæдзийы уарзондзинады ар- тæй судзæг æрыгон чызг æмæ лæппу. Уарзондзинады тых мæлæтæй тыхджындæр разынд, лæппумæ ног хъару æв- зæрд, фæлæ нæмыг нал уыд. Уæд мæсыджы сæрæй знæг- тыл дуртæ райдыдтой тулын, фæлæ знаджы нæмыгæй фæмард цæхæрцæст лæппу. Чызг уый ауынгæйæ цæссыг- калгæ къæйдур фестад. Цæссыг уæдæй нырмæ пал æн- цайы йæ мизынæй. Мах бацымыдис кодтам, æртæхтæй нæ алчи дæр йе ’взагыл адардта. Æцæгдæр уыдысты цæссыгау цæхджын. 34
Фæстæмæ æрдузмæ æрхызтыстæм. Ног айзæлыд фæндыры цагъд. Уым Зæлийы суыдтон, мæхи йæм хæстæгдæр балас- тон æмæ йæ Шурæйæ афарстон. Чызг йæ сæр бакъултæ кодта. Дысон йæ мад йæ сæрæн нæ уыд æмæ, æвæццæ- гæн, уый тыххæй бакъуылымпы ис, зæгъгæ. Уалынмæ хъазты ’хсæнæй чидæр фæхъæр кодта: — Мысосты кафт, Мысосты! Æз уайтагъд мæхи иуварс аластон. Хъазтæй цалдæр сардзины дарддæр ацыдтæн æмæ цъæх нæууыл уæлгом- мæ сфæлдæхтæн. Уыцы ’хсæвы хуыссæгхъæлдзæгæй мæ сæр бынтон уæззаугонд уыд. Ног та хъуыдыты ’вджид мæхи бакодтоп. Цардбæл фæсивæды цины хъæлæба мæп- мæ бьпгюпдæр ппкуыцæй хъардта. Цыма ком быптоп афтид, æнæзмæлгæ уыд, афтæ мæм каст æнæ Шурæ. Мæ хъус ацахста æввахс кæрдæджыты сыбар-сыбур. Æваст фæкæсын дæр нал фæцарæхстæн, афтæ мæ цу- ры цъæх нæууыл Хъасбол йæхи æруагъта. Нæ дыууæмæ дæр æгомыгæй хъуыдытæ кæпын æн- цондæр кзст. Дзæвгар кæрæдзимæ ницы сдоырдтам. Фæстагмæ мæ Хъасбол афарста йæ цæстæй нæ ракæсгт’- йæ: — Цы кæиыс, Мысогт, цæуылнæ исты дзуры"? — хъыг мып \ ыд зæрдæйæн æнцойгæнæг æгуыппæгад фехалын. Цыбыр дзуапп ып радтон, зæгъын, мæ сæр риссы. — Эх, Мысост, ды амондджын дæ, дæ сæр риссы, уый скойы аккаг дæр нæу Сæр фæрисдзæн æмæ банцайдзæп. Мæнæн мæ сæр куы риссид æмæ... — лæппу куыддæр ферхæцыд, йæ дзырд æрдæгыл фескъуыдта. Бæрæг уыд, цыдæр маст кæй уыд нæ зæрдæйы. Иæ цæсгом йæ дыу- уæ цонджы ’хсæи æпгом æрбагыхта æмæ дæлгоммæ пых- хауд. Рæсугтд бæллнцтæй мæсгуытæ ама.’ыч мондагæй мæ дзурын æппыпдæр кæд пæ фæидыд, уæддæр мæм мæ хæ- лары зæрдæйы рыстдзинадмæ æппын хъус ма ’рдарын аив пæ каст. — Цы дæ хъыг дары, Хъасбол, цыдæр зæгъинаг мын куы уыдтæ. Мæпæй пæ цы ’мбæхсыс?— афарстон æй. Хъасбол къæхты бынмæ ног ныуулæфыд æмæ, йæ рæмбыпыкъæдзыл рабадгæйæ, райдыдта: — Дæуæй цы басусæг кæнон, Мысост, уый мын хуы- цау ма зæгъæд. Мæ зæрдæйы рыстдзинад ма дæуæй хуыздæр кæмæн хъуамæ зæгъон. Дзургæ та сæр риссы- ныл кодтам. Мæпæн мæ сæр куы риссид æмæ мæ Шурæ 35
шучысыл уæддæр куы уарзид!.. Уайтагъд мæ цæстытæ атарытæ сты, дуне мыл бата- -лынг. Мæ хъустæ æнахуыр зæлланг ныккодтой. Æвæц- цæгæн, лæугæ куы кодтаин, уæд мæ къæхтæ мæ быны фæдыдæгътæ уыдаиккой. — Шурæ мæ зæрдæйæ нал хицæн кæны. Ныры онг ацы хъуыддаджы тыххæй никæмæн ницы загътон, фæлæ дæуыл æууæндын. Ацы сусæгдзинад нæ дыууæйы ’хсæн кæй баззайдзæн, уый мæ фидарæй уырны. — Ууыл фæ- цис мæ хæлар йæ дзырдтаг. Чысыл раздæр кæд, царды фæндтыл хъуыдыгæнгæ- йæ, зæрдæ цины малы иыгъуылд, уæд уый хыгъд ныр йæхи къултыл хоста, сау маст хъуыр æхгæдта. Хъасбол иугæр йæ зæрдæйы фæндтæ иу хатт раргом ^кæнын бафæрæзта, уæд йæ бон æнæ дзургæ нал уыд. — Æз нырма дысон аскъуыддзаг кодтон, цæмæй хъуыддаг дæуæн загътаин. Шурæ демæ хæлар кæй у, уым дын нæ фæзын уыдзæн мæнæн баххуыс кæнын. Чи- зоны ма хъуыддаг Зæли дæр куы зонид, уæд хуыздæр уаид. Цыбыр дзырдæй, дæу æмæ Зæлийæн æппæт сара- зын дæр у уæ бон. Йе æмæ мын исты бауынаффæ кæн, — .дзырдта мын мæ хæлар ныр бынтон æдыхст хъæлæсы уагæй — Мæнæн цы мæ бон у, йæ фыд, миййаг, куы нæ дæн, ’кæнæ йе ’фсымæр, — тыхамæлттæй схауд мæ дзыхæй, иугæр æнæ дзуапп радтæн нал уыд, уæд. — Уый та дын цы хуызæн ныхас у! Иæ фыд кæнæ йе ’фсымæр куы уыдаис, уæд дæм ахæмтæ уæндгæ дæр нæ бакодтаин. — Мæ дзуапп йæ зæрдæмæ нæ фæцыд Хъас- ’болæн. — Æз ын зæгъгæ мæхæдæг дæр кæндзынæн. «Нæ» мын кæй нæ зæгъдзæн, уый дæр мæ уырны, фæлæ хъуыд- даджы ды куы уай, уæд ноджыдæр хуыздæр уыдзæн. Ме ’мбалы хиуылæввæрсон ныхæстæ мæ ноджы тынг- .дæр ахъуыды кæнын кодтой мæ уарзты æнамонд хъыс- мæтыл. Фидар ныфс æй кæй ис, уый æцæгдæр ницы дис- саг у. Уыдон алыхатт дæр æмбæлыпц кæрæдзийыл, сæ уроктæ дæр, Шурæ куыд дзырдта, афтæмæй иумæ цæт- тæ кæпынц. Стæй Хъасбол дзырд фæразон, рæсугъд лæппу у. Æрæджы дæр сæ армæй хъазгæ баййæфтон къласы. Хъасбол ын æфсонмæ-’бсонты йæ дæллагхъуыр- ты йæ къух æрхæстытæ кодта. Шурæмæ уый æцæг хъыг фæкаст æмæ йын пырх къухæй йæ фæсонтæ цалдæр цæфы дæр фæкодта, фæлæ уыдон Хъасболæн ноджы æх- сызгондæр ма уыдысты. Æгæрыстæмæй ма йын афтæ 36
дæр загъта: «Ефс бæхы цæф уырс бæхæн нæ риссыас Ахæм ныхас фехъусынæй мæ зæрдæ куыд нæ асаджил- тæ ис, фæлæ йын уый фæстæ ницы уадиссаг нысаииуæг радтон. Иу æнæрхъуыды ныхасы тыххæй дæ хæлары ауæлдай кæн, уæд уый цас лæгдзинад у. Мæ зæрдæйы кæрон кæмдæр уæддæр баззад Хъасболмæ фыдæх аха- сты сау æндæрг. Уæдæй фæстæмæ дзы гуымир ныхас никуыуал фехъуыстон. Шурæ-иу кæм уыд, уырдæм йæ- хи арæхдæр кæй ласта, уый дзы æнæхатгæ нæ уыдтæн» фæлæ уым æз диссагæй ницы уыдтон. Шурæ не скъола- йы, уæлдайдæр нæ къласы ахæм фигурæ уыд, æмæ уый- кæм нæ уыд, уый хайад кæм нæ иста, уыцы ныхасы сфæлдыстадон быцæуы ад нæ уыд. Куыддæр мæ дысо- ны фын мæ зæрдыл æрбалæууыд. Сæры магъз бынтон схæццæ... Чизоны йын комкоммæ зæгъын хъæуы, Шу- рæ æрмæст мæн кæй уарзы. Уый уæлдæр ахуырмæ æр- мæстдæр мемæ кæй цæуы. Мемæ, æндæр никæимæ. Æмæ канд уæлдæр ахуырмæ нæ, фæлæ ингæнмæ дæр. Афтæ у Шурæйы тæрхон, афтæ фæнды Сидойы дæр. Нæ, зæ- гъын ын хъæуы, Шурæ иунæг мæн кæй уарзы, Хъасбо- лæн кæй никуы сразы уыдзæн. Зæгъын ын хъæуы æрго- мæй... Фæлæ уæд... Уæд æмгардзинад та? Уый мæн йæ адджындæр хæларæн куы равзæрста. Нæ, уый аив нæ уыдзæн. Хъасбол йæ уарзондзинад мæнæн уый тыххæй^ миййаг нæ раргом кодта æмæ ныр æз æвиппайд йæ пых- мæ атакæйы бацæуон. — Уæдæ мын æндæр ницы уынаффæ кæныс, Мы- сост? — афарста та мæ мæ хæлар æмæ цъæх ыæумæ йæ сæр æруагъта. — Нæ зонын, цы дым зæгъон. Нырма ахæмтыл дзуры- -нæн æгæр раджы у. Экзаментæй уал фервæзæм, не скъо- ла каст фæуæм æмæ уый фæстæ æппæтæн дæр уыдзæге фадат, — загътон ын æз æрæджиау. Нæ зонын, мæ хæларæн мæ уынаффæ йæ зæрдæмæ: фæцыд æви нæ, дзургæ ницы скодта, æмæ иугæр экскур^ санттæ цæуыныл куы фесты, уæд мах дæр нæ бынæттæй? æнæбары растадыстæм. Сæ кæронмæ хæццæ кодтой астæуккаг ахуыры иууылг бæрнондæр экзаментæ. Алы экзамены дæр иууыл уæл- дæр нысан исынæй сæрыд сыгъзæрин майдан. зг
Æрлæууыд фæстаг экзамены бон. Экзамепы фæстæ нæхи цæттæ кодтам куывдмæ. Мах хъуамæ хæрзбон загътаиккам, уал азы нæ хъомыл кæпынæн æппæт йæ тых, йæ зонынад чи нæ хæлæг кодта, уыцы ахуыргæн- джытæн. Экзаменмæ та, алыхаттау, фыццаг æз æмæ Шурæ бахызтыстæм. Фæстаг хатт ма нын нæ къухтæ зæрдиа- гæй нылхъывтой экзаменон къамисы уæнгтæ æмæ нын ^сыгъзæрин майдан райсыны тыххæй раарфæ кодтой. Йæ экзамен чи куыд раздæр лæвæрдта, афтæ алчи æмбырд кодта Хъасболты кæртмæ—куывды нысангонд бынатмæ. Хъасболы фыд Сибисторæн ныллæг хæдзар уыд, фæлæ дзы уыд стыр хатæнтæ, зал — йæ разы зæр- .дæмæдзæугæ дыргъдон. Алчи дæр нæ æнæзивæгæй æххæст кодта фынджы бæркад æмæ фидыц фæрæсугъддæр кæныны фæдыл хис- тæр фысымты алы цума. Шурæ фæсэкзамен уайтагъд Хъасболтæм счъилды- сæй уæларынг райдыдта архайын. Фынг цæттæ кæны- нæн æххуыс кодтой æввахс сыхæгты сылгоймæгтæ. Æз хъуыддаджы тыххæй бахызтæн, пецы уæлибых- тæ кæм фыхтой, уыцы уатмæ. Уаты иу къуымы нæ къла- сы чызджытæ Шурæйы алыварс æмбырдæй хъæрæй кæй ’ныхас кодтой, уымæй спайдагæнгæйæ дам-дум уарзаг •сылгоймæгтæй иу Хъасболы мады хъусы бадзырдта: — Кæсыс, Кати, дæ уырыссаг чындзагмæ! Развæл- гъау дын дæ къуымтæ æрбæрджытæ кодта. Чындзаг дзы ■ ахæм хъуамæ уа, йе! — Æмæ уæд цæмæннæ хъуамæ æрбæрджытæ кæна, кæмæй дæлдæр у армæй, йе, ахуырæй, æви уындæй йе ""’мбæлтты хуыз нæ исы, — мидбыл фæхудгæйæ йæ зæр- дæйы цин иннæ устытæн дæр раргом кодта Кати. Хъасбол мын æппæт дæр кæм радзырдта, уым мæн- ’мæ диссаг ницыуал каст, фæлæ уæддæр уыцы ныхæстæ зæрдæйы йæ бæрæгбоны уагыл нал ныууагътой. Хур ма чысыл уыд, афтæ æрбадтыстæм фынгыл. Ку- :вæг æмæ фынгæн æгъдау дæттæг Барис уыд. Гаджидау уадзыны рæстæджы Барисы алы дзырд мæ зæрдæйы -арф быиат ардта. — Мæ чысыл сабитæ! Æцæг ныр чысылтæ нал стут. Алкæмæн дæр уæ йæ къухы ис царды фæндагыл цæуын- мæ путевкæ. Сымахæй чи уæлдæр ахуырмæ ацæудзæн, чи царды æндæр дæсныйадыл ныххæцдзæн, чи йæ зоны- надæй колхозон куысты спайда кæндзæн, чи та пыри- 38
дæгæн бинонтæ скæндзæн. Абон не ’хсæн — хъол:ылгæ- нинаг æмæ хъомылгæнæджы ’хсæн цы ауæдз ут„ уым цыргъ æфсæнджын гутон адардтам æмæ йæ сапхуызон кодтам. Уæртæ сæ ахстонæй бæласмæ атахтысты згг^патыч- чы лæппынтæ. Мад йæ лæппынты схъомыл кæнигч тых- хæй цы куыст кодта, уый уæхæдæг дæр уыдтат — зыл- ди сзем, хаста сын æппынæдзух хæрипæгтæ. Афт~ мах та сымахæн алæбон зонындзинад лæвæрдтам. Уæптæ уы- цы зæрватыччы лæппынтæ ныртæккæ алырдæм атæх- дзысты. Мад сын тæхын бацамыдта æмæ сæм кæ зæр- дæ нал æхсайдзæн. Мах дæр фидарæй уырны, тæхынæн уæ базыртæ кæй сфидар сты, зæрдæ уæм кæй нат æхсай- дзæн. Йемæ, фарнимæ фæтæхут, мæ зынæргътæ! — Ба- рисы цæстытæ цинæрттывд кодтой. Цæл цырынæй-цырындæр кодта. Мах ахуыргæнджы- тæн нæхи æмбæлттау æргомæй дзырдтам нæ зæрдæйы бæллицтæ æмæ фæндиæгтæ. Æз уæддæр, раздæрау, æф- сæрмы кодтон мæ ахуыргæнджытæй, алы гаджидау дæр- иу цыбыртæй сфæлхатт кодтон æмæ-иу æй анызтон. Айзæлыд фæндыры хъæр. Барисы фæндонмæ гæсгæ рæстæгмæ не ’ппæт дæр фынгæй сыстадыстæм æмæ рай- дыдтам кафын. Хъазты чегъре — физкультурæйы ахуыр- гæнæг Герас фыццаг мæн ракафын кодта. Мемæ мын ме ’мбæлттæй иугай ракафын кодта Шурæйы, Майкъойы, Сонкъæйы. Нæ уыдтæн кафыны зæрдæйыл, фæлæ мæ зæр;тæйы уаг цæмæй фæхуыздæр уыдаид, уый тыххæй мæхицæн тыхми кодтон. Мæ хæд фæстæ Хъасболы рака- фын кодтой. Шурæмæ дæр æрхауд Хъасболимæ кафы- ны рад. Къæрццæмдзæгъд фæтынгдæр. Хъасбол дæр нал лæууыд зæххыл — хæрдмæ-иу фæхауд æмæ та-иу йæ къахкъухтыл алæууыд. — Цары фиу! — сдзырдта чидæр нæхи æмбæлттæй. Сонкъæйы хъæлæсы хуызæн мæм фæкаст. — С’амонд — иу! — æваст ыл сыхы устытæй кæйдæр дзырд аныхæст. Хабар Барис æмæ Архипæй дарддæр иууылдæр фе- хъуыстой. Дзæбæх зæрдæйæ разыйы худт кодтой æмæ сæ армы тъæпæнтæ æнауæрдонæй кæрæдзийыл хостой. Михаил Васильевич кæд уыцы дзырдæппарæн ныхæс- тæй ницы æмбæрста, уæддæр, адæмы фæзмгæйæ, йæ тых, йæ бонæй æмдзæгъд кодта. Ацы сценæ уынгæйæ мæхимæ бынтон ницæйаг фæкастæн. Афтæ мæм зыид, цыма ацы цинæфсæст адæмы ’хсæн æз уæлдай уыдтæн. 39
Барис фæстæмæ адæмы фынгыл æрбадын кодта. Цæ- мæй басабыр уыдаиккой, уый тыххæй вилкæ агуывзæ- йыл цалдæр хатты æрхоста, бæгæныйæ дыууæ нуазæны байдзаг кæнын кодта, фæйнæ къухæй сæ хæрдмæ сис- та æмæ райдыдта дзурып: — Хорз адæм, нæ кадджын фыдæлтæ нын бирæ дзæ- бæх æгъдæуттæ ныууагътой. Уыдонæй иу у кады нуа- зæн. Нуазæн уыдон хуымæтæджы мыййаг не ’рымысы- дысты. Уыцы нуазæны аккаг уыдысты æрмæстдæр хуыз- дæрты хуыздæртæ, удуæлдай тохты хъæбатыр хæстонтæ. Нæ ахуыргæнинæгты ’хсæн дæр æгас иуæндæс азы дæр- гъы зонындзинад райсыны сæрыл тохы разынд хуыздæр- тæй хуыздæртæ, махæн та уыдон сты дыууæйæ нæ хъай- тартæ. Уæдæ нæ кады нуазæнтæ — Мысост æмæ Шурæ- йæн! Адæм нымдзæгъд кодтой. Барис нуазæнтæ дæлæмæ ралæвæрдта. Шурæимæ æмхуызон сæфсæрмы стæм. Исдуг æдзы- нæгæй лæугæйæ баззадыстæм. Дзуапп сын мæ бæсты дæр ды радт, зæгъгæ, мын бакодта Шурæ. Мæ зæрдæмæ кæцæйдæр хуры рухс бакаст. Ме ’мбæлт- ты уæлдай мæ кады нуазæны аккаг кæй скодтой, уый мын уадиссаг æхсызгон ницы уыд, цалдæр азы дæргъы алыгъуызон æппæлæн ныхæстыл афтæ сахуыр дæн æмæ мæм диссаг нал кастысты. Фæлæ мæм нуазæн Шурæимæ иумæ кæй æрхауд, ныхæй-ныхмæ иу ран кæй лæууыдыс- тæм, цалдæр къай цæсты нæм æмхуызон кæй æркастыс- ты, уый уыд мæ сусæг цины сæр. Æз бузныг загътон мæ ахуыргæнджытæн æмæ мæ нуазæн равдæлон кодтон. Мæн бафæзмыдта Шурæ дæр. Бирæ гаджидаутæ фæуагъта Барис уыцы ’хсæв. Иæ гаджидаутæн-иу ахæм бацæуæн сарæзта æмæ цыма уы- цы рæстæджы æцæгдæр æндæр гаджидау рауадзæн нал уыд, афтæ-иу каст алкæмæ дæр. Кæркуасæнтæй ахызт, афтæ растадыстæм фыигæй. Ахсæв ам мæ фыды хомæ хъуамæ баззайон, зæгъын, нæ хъæуккаг æмбæлттæй мæхи фæтылиф кодтон. Шурæйы ахизын кæнын уыд мæ зæрды хъæуы кæрон сæхæдзар- мæ цæугæйæ. Йеныр ис æппæтæн дæр рæстæг, æргомæй йын зæгъдзынæн мæ фæндон. Иæ амонд Хъасболимæ иу кæнинаг кæд у, уæд уый дæр ахсæв хъуамæ базо- нон, — ахæм хъуыдытимæ кæрты Шурæмæ æнхъæлмæ кастæн. Фæлæ уый фæхатгæйæ Хъасбол мæн «батых- 40
сын» нал бауагъта. Æрхызт мæм æмæ мын мæ хъусы дзурæгау бакодта: — Æз æй ахизын кæндзынæн, мæн уæддæр йемæ хъуыддаг ис, дæхæдæг зоныс... Ды де ’мбæлтты аййаф, иунæгæй цæмæн хъуамæ цæуай. — «Гигойы куадзæиы» сауджын Гиго чысыл сабийыл куыд «тыхст», уыйау ау- дыдта мæныл дæр мæ хæлар. Ницыуал зæгъæн мын уыд. Хъасболæн æгæрыстæ- мæй мæхæдæг баххуыс кæныны ныфс дæр ма бавæрд- тон æмæ йын ныр цы хъуамæ загътаин. Кæртæй æддæмæ рахызтæн, фæлæ кæдæм ацыдаин, цы бакæнын мæ хъуыд, уый мæ сæры магъз нæ ахста. Нæй, иумæ хъуамæ ацæуæм Шурæимæ. Уадз æмæ йын нæ дыууæ дæр зæгъæм нæ хуыды æмæ стæй чызг кæмæй зæгъа «разы дын дæн», уый уыдзæн æмæ ууыл фæуыдзæн хъуыддаг. Ие, уый у иууыл зондджындæр амал. Фæлæ куыд?! Хъасбол æппындæр куы нæ ма зоны мæ хъуыды. Чизоны, Шурæйы æз дæр уарзын, уый куы зонид, уæд йæхæдæг нæ дыууæйы амондæн дæр ра- арфæ кæнид. Нæй, æндæр рæстæджы хибарæй фенын хъæуы Шурæйы. — Цыдæр змæст хъуыдыты ныгъуыл- гæ хæццæ къахдзæфтæй рараст дæн мæ фæндагыл. Фæ- лæ уæрджытæ нæ тасыдысты размæ. Шурæйæ цас дард- дæр кодтон, уыйас зæрдæ риуы къултыл йæхи хоста. Æз æмæ Шурæйы тыххæй уый размæ фыны кæй фед- тон, уыцы уæйыгау цыдæр стыр тых кæй æрлæууыд не- ’хсæн æмæ нæ кæй хицæн кодта, уый бæрæг уыд. Ууыл фæцис уал азы дæргъы Думасты хъæуы мæ карьерæ, мæ зæрдæвæндон царды кæрон. Æртыккаг бон хур нæма скаст, афтæ бацыдтæн Ду- масты хъæумæ. Æхсæв бонмæ фæтæрхон кодтон, цы ба- кæнын мæ хъуыд, ууыл æмæ Шурæтæм комкоммæ хæ- дзармæ бацæуын, лæгæй-лæгмæ йемæ бапыхас кæнынæй хуыздæр фæрæз ницы ссардтон. Шурæйы сыхы змæлæг нæма зынд. Уадз, Сидо уал куыстмæ ацæуа æмæ йæ хи- барæй фенон, — аскъуыддзаг кодтон æмæ уал скъолайы ’рдæм мæ фæндаг акодтон. Цъиуызмæлæг дæр нæ уыд скъолайы. Æнæзмæлæг кæрт, æдзæрæг къултæ хасты хуызæн уыдысты. 41'
Шурæйы партæйыл æрбадтæн, куыддæр æнцондæрæй сулæфыдтæн, цыма мæ уаргъ фæрогдæрис, афтæ фæ- дæн. Ацы цыппар къулы ’хсæн уыдис æртæ азы дæргъы мæ цин æмæ мæ катайы суадон. Мæ цардыл ацы цып- пар къулæй кастысты зæрин хуры тынтæ, ардыгæй-иу сыстадысты сау мылазон мигътæ. Мæ зæрдыл æрбалæу- уыдис, æрæджы ма мæ Шурæ йæ фарсмæ куы ’рбадын кодта, уæд кæрæдзимæ фыстæджытæ куыд фыстам, уый. О, æвæццæгæн, ныр фæуд у æппæт дæр. Уыцы ’хсæв Хъасболимæ æнæмæнг æрныхас кодтаиккой сæ хъуыд- дагыл... Æгомыг къулты ’хсæн сæрзилынгæнæг хъуыдытæй мæ зæрдæ хуыдуг кодта. Кæртмæ æрхызтæн. Æмбондгæрон даргъ бандоиыл мæхи æруагътон. Скъолайы сæрмæ фæндагыл Зæлийы суыдтон. Стыр пыхс йæ къухы, афтæмæй гогызтæ рагъы ’рдæм хизын- мæ здæхта. Мæн ауынгæйæ фæджихау. Гогызтæн ма уæ- лæмæ сæ фæстæ цалдæр къуыбары сыхста æмæ каудуа- рыл æрбахизгæйæ æнæдзургæйæ мæ цурмæ æрбацыд. Мæ фендыл-иу иннæ хæттыты куыд бацин кодта, ахæм- тæй йæм ницы уыд. Салам мын радта æмæ мæ ме ’рба- цыды аххосагæй афарста. — Нæ аттестаттæ цæттæ кæд уыдзысты, уый базо- нын мæ фæндыд, — загътон Зæлийæн æмæ йæ мæхæдæг дæр ног хабæрттæй афарстон. — Дзыхъхъынног хабар нæм уый ис æмæ дысон Шу- рæйы тыххæй Симонтæм Хъасбол хатджытæ барвыста. Чызджы нæ фæнды, фæлæ мад æмæ фыд разы сты. Мæ- хæдæг дæр уым фæдæн. Сидо мын мæхицæн дæр дзырд- та: Шурæйæн, дам, ахуырмæ æнæ ацæугæ нæй æмæ дзы уæд та æнæхицауæй исты худинаджы хъæр айхъуыст, зæгъгæ. Уадз фæлтау чындзы ацæуæд. Хъасбол дæр, дам, хорз хæдзарвæндаджы лæппу у. Стæй, дам, æнæуи дæр не скаст уыцы иунæг чызгмæ у æмæ, дам, искуыдæм ахауыны бæсты нæхи хъæуы уæд. Зæлийы ныхæстæ мæ зæрдæйы цыргъ хъамайау ныхс- ’тысты. Ме уæнгтæ æнахуыр дыз-дыз ныккодтой. — Уæддæр цы зæгъы Шурæ йæхæдæг. Ды ацы хъуыд- даджы фæдыл лæгæй-лæгмæ йемæ ныхас кодтай? — афарстон Зæлийы тарст хъæлæсæй. — Шурæмæ куыд бакастæн, афтæмæй нæ уарзы Хъасболы. Æз дам, мæ ахуыры разæй мой ницæй тыххæй скæндзынæн. Æниу чызджытæ дзургæ ахæмтæ фæкæ- -42
нынц, фæлæ сæ ныхас æмæ агитацийæ куы сбырсынц, уæд æвзаг дур дæр сæтты. Мæ бон нал уыд бадын. Нал дæр мæ фæндыд уыцы хъуыддаджы тыххæй Зæлийæ исты фехъусын. Хатыр дзы ракуырдтон æмæ комкоммæ Шурæтæм скодтон мæ фæн- даг. Æбуалгъ ныв ауад мæ цæстытыл: Мæнæ рæхджы ауылты рацæй кæпдзысты Шурæйы Хъасболтæм. Фæн- дыры зæлтæм чызджы зæрдæ æхсызгон хъыдзы кæн- дзæн æмæ йæ уæздан русыл цæссыг æркæлдзæн. Йе ’мбал чызджытæ уыцы цæссыг фенгæйæ худдзысты. Фæ- лæ Шурæмæ иæ цæудзæн худын. Чизоны йæ чызгон бон- тæ, йе ’взонгадæй хицæнгæнгæйæ æваст æнæбæрæг са- гъæсты сау æндæрг фæзына йæ сæрмæ. Фæлæ зæрдæ уæддæр худдзæп. Нæй, æцæг цин уæд вæййы, русыл цæссыг куы фæмизы æмæ афтæмæй зæрдæ куы фæхуды. Цымæ кæм уыдзынæн уыцы рæстæджы æз?.. Æз... О, æз дæр æнæмæнг чындзæхсæвы хъуамæ уон, мæ хæла- ры амондыл хъуамæ цин кæнон! Уайтагъд Шурæйы бæсты Сидо рауад мæ размæ. Алыхаттау мыл баузæлыд. Балкъонмæ схызтыстæм. Сбад, зæгъгæ, мын хъæдын сынтæгмæ ацамыдта. «Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста», зæгъгæ мын бакодта æмæ йæхæдæг дæр мæ фарсмæ æрбадт. — Шурæ кæм и, Шурæйы фенын мæ фæнды, — цы- дæр хæццæ хъæлæсæй йæ афарстон. — Шурæйы колхозы куыстмæ арвыстон, мæхæдæг мæ сæрæн нæ дæн. Æнæуи дæр æй чындзы арвитын ис нæ зæрды. Æгайтма ды дæр æрбауадтæ. Афæрсын уæддæр хорз у... Уæртæ нæм Сибистортæ дысон хатджытæ æр- барвыстой Шурæйы тыххæй. Лæппу мæм мæгуырау нæ кæсы, бинонтæ, стæй хæдзарвæндаг дæр бафауинаг не сты æмæ нæ зонын. Стæй нæ лæг дæр, дæхæдæг æй зо- ныс, йæ фарс йæ уæлæ нæй, æмæ мæм æввахс куы уа, уæд æм йæ хъус фæдарид, зæгъын. Æмæ нын ды та цы уынаффæ кæныс, — дзырдта зæронд ус йæ роцъомæ йæ амонæн æнгуылдз бахæсгæйæ. — О, уый хорз хъуыддаг у, хорз хъуыддаг! Бахатыр мын кæп! — цæхгæр дзуапп ын радтон æмæ кæрты æд- дейæ фæдæн. — Фæлæу-ма, Мысост, æххормагæй иæ куыд цæуыс? Мæнæ дын дысоны уæлибыхтæй уæддæр ахъарм код- таин! — мæ хъустыл ма ауадысты фæстейæ Сидойы ны- хæстæ. Уый фехъусгæйæ, æз мæ цыд фæтагъддæр код- 43
тон. Шурæйы мад Сибисторы уазджытæн цы уæлибых- тæ скодта, уыдон уæлдæйттæй мæхи дарддæр ластон. Хъæуæй рахызтæн. Цæуын уыцы иугъæдонæй, фæлæ кæдæм! Кæм ссардæуа Шурæйы. Фæндаггæрон хуыгæсы афарстон, зæгъын, чердыгæй рувынц хъæуы сылгой- мæгтæ. Лæппу мын Мæсгуыты комы ’рдæм ацамыдта. Æнæахъуыдыйæ Мæсгуыты комы ’рдæм скодтон мæ фæндаг. Ног, зæрдæхсынæн хъуыдытæ ме ’мбæлццон æрбаис- ты. Иудзæвгар ауайыны фæстæ мæ мидбынат фæлæууыд- тæн. Чизоны нырма Хъасболы фенын хуыздæр уаид. Уый уæддæр мæ бæрц нæ уарздзæн Шурæйы, æнæ Шу- рæйæ мæ хуызæн нæ хънзæмар кæндзæн, æмæ кæд аф- тæ уа, уæд мæ хъыджы нæ бацæудзæн, Шурæйы мæнæн ныууадздзæн. О, фæлæ мыййаг кæд Шурæйæн йæхи фæнды Хъасболæй смой кæнын, кæд йæхæдæг уый уар- зы, уæд та? Уæд ма мæ хæлармæ мæ цæсгом æгады уагъд цæмæн кæнын! Дæ хæлармæ бахат: дæ уарзоны, æнгузы аппау, мæнæн ныууадз. О, уый фæлтау зæххы скъуыды ныххауын хуыздæр у. Стæй Шурæимæ махмæ нæ кæрæдзи уарзондзинады тыххæй ныхас дæр куы ни- куы уыд. Æниу мын хъуыддагыл æрдзурынæн цал хат- ты уыдис фадат! Æгæрыстæмæй, иу райсом уарзондзи- надыл йæхæдæг куы ’рæфтыдта дзырд, уæд ын комком- мæ цæмæпнæ загътон: уарзопдзинад, дæу аххосæй мæ зæрдæйы цы арт судзы, уый у, зæгъгæ. Æцæг мын йæ- хæдæг комкоммæ загъта демæ ингæнмæ ныххизыныл дæр разы дæн, зæгъгæ, фæлæ йын уыцы ныхæстæ цæ- уылпæ фæбæлвырддæр кæныи кодтон. Чизоны дзы æнæ- уи къозбау дзырд сирвæзт. Æппæт дæр мæхи аххос у, ноджы дæр мын фыддæртæ хъæуы. Шурæ ма тæригъæд дæр у, мæ хуызæн хæлиудзыхæй куы смой кæна, уæд. Нæй, мæгуыр уæрццæи зад хуымы хизын нæ фидауы... Уæддæр æнæмæнг фенын хъæуы Шурæйы. Мæ къæхтæ мæ инстинктон æгъдауæй сабыргай хас- той Мæсгуыты комы ’рдæм. Цас размæ цыдтæн, уыйас мæ тынгдæр уырныдта, Хъасболæй смой кæнын Шурæ- йæн йæхи дæр кæй фæндыд, уый. Чызг мын йæ уарзон- дзппад куы хъардта æмæ мæнæй куы ницы фидар дзырд фехъуыста, уæд, æвæццæгæн, нæ мæ уарзы, зæгъгæ, загъта, æмæ аздæхт Хъасболы ’рдæм. Уæдæ Сидо æмæ Симон афтæ æнæмбаргæ не сты, стæй фыццагон рæстæг дæр нæу æмæ сæ чызджы æвæндонæй, тыхмийæ искæй 44
’фыццаг скæной. Чызг æфсонæн «нæ» загътаид, уæдæ цы!.. Æмæ уæддæр æгас хъæубæсты ’хсæн Шурæмæ ба- цæуын аив уыдзæн? Уый æппæт адæмæй хабар Хъас- болмæ ничи бахæсдзæн? — æваст мæ сæры февзæрд ног хъуыды. Фæлтау æм изæрмæ сæ хъæуы кæрон банхъæл- мæ кæсдзынæн æмæ йыл цыма æнæнхъæлæджы фем- бæлдтæн, ахæм хуыз равдисдзынæн. Ахæм хъуыдымæ æрцæуынæй мæхицæй тынг фæбузныг дæн. Раздæхтæн фæстæмæ æмæ нæхи хъæуæй Думасты хъæуы астæу Мæсгуыты комы фæндаджы фæзилæны, арæнхъахъхъæпæгау, слæууыдтæн. Хур йæ был ныддардта, афтæ Мæсгуыты комы ’рды- гæй колхозонтæ æд къæпитæ здæхтысты. Дардæй са куыддæр ауыдтон, афтæ, хъæуы кæронмæ сыздæхгæйæ, рацыдтæн сæ размæ. Æгас хъæуы сылгоймæгтæй мæм дардмæ акæсгæйæ дæр ничи каст Шурæйы æнгæсæн. Мæ иувæрсты æртæ сау пысулджын сылгоймаджы куыд рацæйхызтысты, уый æз хъуыды дæр не ’ркодтон, афтæ мæм сæ иу фæстæмæ фæзылд. — Мысост, цы дæ ’рбахаста ацафон ардæм, дæ хуы- цауы тыххæй? — йæхи мæм æрбаппæрста Шурæ. Æз æм исдуг джихæй кæсгæйæ баззадтæн. Иæ къæх- тыл сау цъындайæ сау лæзæрд кæлмæрзæны оиг йæ уæ- лæ иууылдæр уыдысты Сидойы пысултæ. — Дæ хъуыддæгтæ амондджын уæнт, мæ хур. Æнæ раарфæтæ дæр мын де ’нтыст хъыг кæй нæ уыдзæн, уый чизоны дæхæдæг дæр хатыс, — дзырдтон ын уайдзæфгæ- нæгау. Шурæ, æвæццæгæн, фембæрста мæ ныхæсты ныса- ниуæг, йæ цæстытæ доны разылдта. — Цы дын ракодтон, цæмæн мæ ’фхæрыс, æз куы иикæмæп мой кæнын. Кой дæр æй макуыуал скæн,— чызг йæ кæрдæны цъуппæй йæ цæстытæ аив асæрфта, мæ цонгыл мын фæндаджы кæроны ’рдæм рахæцыд æмæ мын мæ хъусы дзурæгау бакодта: — Фыдæнæн ныхæстæй мын цæмæн мæ зæрдæ къахыс! Куыд тагъд дæ ферох ис нæ бадзырд? Мах ахуырмæ иумæ куы уыдыстæм цæуинаг. Ацы мæйы фæстаг бон-ну мæм фæбæрæг кæн, æз æмæ ды горæтмæ иумæ адым- дзыстæм æмæ стæй хуыздæр чи у, уый мæм уæлдай ис- ты сдзурæд. Уæдæ афтæ, баныхас кодтам: æнæ мæн ма ахæсс дæ документтæ. Дзырд дзырд у. Фенынмæ уал... ам лæууын аив нæу, адæм цæуынц æмæ цы зæгъдзыс- ты!.. 45
Чызг æвиппайды фæзылд. Мæ дзых схæлиу кæныны бон дæр мæ нал фæци. Иунæгæй сагъдау аззадтæн. Цы- ма Шурæ æнæуи мæ цæстытыл ауад, афтæ мæм фæкаст. 0 цас дзуринæгтæ та мын баззад! Фæлæ ныр æппæ- тыл дæр ис хъæцæн. Щурæ дæр мын хуыздæр цы хъуа- мæ загътаид, Ме ’рхæндæг зæрдæмæ æваст кæцæйдæр хуры тын бакаст. Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы ахъуы- ды кодтон æмæ даргъ къахдзæфтæй нæхи хъæуырдæм атындзыдтон. 10 Мæ кæстæр æфсымæр Зауыр дæр уыцы аз фæцис æстæм кълас каст. Чысылæй фæстæмæ æфсæддон хъуыд- даджимæ дзырдта йæ зæрдæ, афицер суæвын уыдис йæ бæллиц. Уый размæ газеты кастн хъусинаг, зæгъгæ, дам, цахæмдæр æфсæддон скъоламæ ахуыр кæнынмæ исынц, æнæххæст астæуккаг скъола каст чи фæцис, уыдон. Ахуыргæнæндонмæ документтæ бахæссыны фæстаг æм- гъуыд та уыд фондз æмæ ссæдзæм июнмæ. Лæппуйы уыр- дæм ацæуыны йеттæмæ æндæр фæрæз нал уыд. Мæ мад мæ нал ныууагъта: йæхæдæг иунæгæй ницы бакæндзæн горæты, йемæ ацу, йæ фæндагыл æй бафтау æмæ йæ тæригъæдмæ мауал кæсон, зæгъгæ. Æз стæрхон кодтон, зæгъын, уал лæппуйы хъуыддаг æрбæстон кæндзынæн æмæ уый фæстæ Шурæимæ сæри- барæй адымдзыстæм. Афтæ дæр бакодтон. Райсом раджы колхозы маши- нæйыл ныццыдыстæм нырма районмæ. Уырдыгæй ав- тобусыл ацæуын уыд нæ фæнд. Автобус ацæуынмæ ма сахат æмæ æрдæджы бæрц хъуыд. Автостапцæйы цур мыл Архнп Панцхава хæрхæмбæлд фæцис. — Дæ аттестат цæуылнæ хæссыс, Мысост, уый ма зæгъ? — Архип мæ афтæ æнæнхъæлæджы афарста æмæ йын æз салам радтын дæр нал фæцарæхстæн. — Ау, æмæ аттестаттæ скъолайæ исгæ не сты? — джихауæй йæ афарстон. — Нæ, мæ хæлар, дæуæн æндæргъуызон аттестат у æмæ уый Рухсады хайадæй исгæ у. Дæхæдæг кæд æф- сæрмы кæныс, уæд цом мемæ, — загъта мын Архип æмæ мын æмгарау йæ къух мæ дæларм фæсагъта. (Æз æнæгуырысхойæ ацыдтæн йемæ. Уæддæр мын рæстæг уыд æмæ йæ уадз рахæссон, зæгъын. Æндæр хатт, чизоны, рæстæгыл мæ къухты нæ бафта. 46
Æз рахастон мæ аттестат. Автобусы цур мæм Зауыр æнхъæлмæ каст. Уым мыл фембæлд Исмел дæр. Мæ аттестатмæ мын Зауыримæ кæстытæ кодтой. Цæуыны рæстæг дæр æрцыд æмæ мах дæр нæ бынæтты сбадтыс- тæм. Районмæ хъуыддаджы фæдыл æрцæугæйæ нæ Ис- мел дæр фæндараст кодта. — Кæцы институтмæ хæссыс дæ документтæ? — фар- ста мæ Исмел, фæлæ уæдмæ автобус сгуыр-гуыр код- та, иннæрдæм разылд æмæ мæнæн нал фæцис Исмелæн дзуапп радтыны фадат. Горæты Зауыры тыххæй æхсæз боны баззадтæн. Хъуыддæгтæ, æз куыд æнхъæлдтон, афтæ рæвдз нæ ра- уадысты. Стæй мæхæдæг дæр нæ тагъд кодтон. Зæгъын, чысыл мæхи дæр аирхæфсон. Шурæйы æмгъуыдмæ ма дыууæ боны уыд, афтæ æз дæр æрыздæхтæи. Нæ каудуарæй бахизгæйæ, мæ мад мæ размæ рауад. Йæ фæлмаст цæстытæ цинæрттывд фæкодтой. Мæ фен- дæй йыл хур кæй бакаст, уый ницæмæ даргæйæ мын йæхи бустæгæнæг скодта: — Кæм дæ уæдæ ныр къуыри. Агурджытæ дæм фæ- цæй æрвыстон. Абон дæм уæртæ Думасты хъæуæй де ’мбал чызджытæ дыууæ хатты æрбацыдысты. Дæ уырыс- саг æмбал, Сидойы кæнгæ чызг, уый ахсæв чындзы цæ- уы æмæ дæм, æвæццæгæн, хонæг уыдысты. Бацу сæм, худинаг у, æрмæст нозтæй дæхи бахиз. Мæ быны цыма зæхх ныдздзортт-дзортт кодта, аф- тæ мæм фæкаст фыдуац фехъусгæйæ. Мæ уæрджытæ мæ коммæ нал бакастысты, куыддæр фæцудыдтон. Аси- ны гæзæнхъæдыл фæхæцгæйæ ма тыхамæлттæй бал- къоны мидæгæй фæдæн, тæрхæгмæ арæхстгай мæхи æр- уагътон. Дуне уыдис цахæмдæр тар, æнæбæрæг. Иæ удисæг хур дæр ма фæстаг хатт йæ мæрдон цæстытæ нæ сæрмæ бæрзонд хæхты æнусон цъититæм æнæбары фæирд код- та. — Мæ сæр фесæфа, уый дæ хуыз дæ мидæг куынæ уал ис!.. — Мæ фенгæйæ хорзау нал уыдис мæ мад. — Цæмæй мын тæрсыс, фæндагыл бафæлмæцыдтæн, чысыл мæ сæр риссы, — загътон ын, фæлæ мæ хъæлæс дæр мæ коммæ нал каст. Хъуыддаг цæй мидæг ис, уый мæ сæры магъз рæст- мæ нæ ахста. Мæ уавæр мын куы ’рхатыдтаид, уый тæссæй мæ мады истæмæй бафæрсын мæ цæсгом нал бахъæцыд. Æпиу ма мын æпдæр цы загътаид! 47
Уæдæ Шурæ чындзы цæуы!.. Æнæ Шурæ уæдæ дуне- йыл мæнæн та кæм ис мæ бынат!.. Зæрдæхсынæн хъуы- дытæ та мæ æрцагуырдтой. Æваст бадæнæй фæлиуырд- тон. Фыдхъысмæты фыдæнæн мæ цæнгтæ айвæзтытæ кодтон æмæ цæппиттыртæгæнгæ дыргъдонмæ рахызтæн. Бæласы бын æрбадтæн. Кæцæйдæр мæм сауцъиуы зарын зæрдæхалæн хъа- рæгау хъуыст. 11 Дыккаг бон хур йæ был сдардта, афтæ мæм Думас- ты хъæуæй Зæли æрбацыдис. Иæ уынд мын диссаджы æхсызгон уыд. Цыдæр ног хабар мын кæй загътаид, уый бæлвырд уыд. Чизоны бынтон сыгъд дæр нæ разына мæ ямонд. — Уый цæмæн ахæм фыдæнæн ми бакодтай? — уай- дзæф мып кодта Зæли. Чызг дæ уарзондзинадæй тайгæ æмæ руайгæ куы кодта, стæй куыд хатыдтон, афтæмæй йæ ды дæр æнæ уарзгæ куынæ уыдтæ, уæд ма йæ цæ- мæн фæсайдтай. Ахуырмæ ацæуыны тыххæй куы ба- дзырдтат æмæ иумæ ацæуинаг куы уыдыстут, уæд дæ- хи кæд нæ фæндыд, уæд ма йын зæрдæ цæмæн бавæрд- тай. Уый дæуæн цæй лæджы ми у? Хорз, фод афтæ æмæ йæ уарзгæ дæр ма кæн, фæлæ Шурæ нæ дзæбæх æмбал кæм у, уымæ гæсгæ йæ ды ма хъуамæ фæсайдтаис. Ды та йын бæрæг пыхас дæр нал ныууагътап, афтæмæй дæ- хæдæг ахастай дæ документтæ æмæ дæхи хъуыддаджы кой бакодтай. — Æмæ уæд дæумæ гæсгæ æз кæдæм ахастон мæ документтæ? — мæ маст мæ хъуырмæ ссыд ме ’мбалы ныхæстæм. — Сайгæ та цæмæн кæныс, гормоп? Афтæ æыхъæл дæ æмæ дæ пичц федта! Исмел ма дæ уæддæр федта дæ аттестат цингæпгæ горæтмæ фæцæй скъæфгæ. — Уыдон иууылдæр цæстфæлдахæн ныхæстæ сты. Мæ аттестат æмæ иннæ документтæ дæр нырма уæртæ хæдзары сты, рацу æмæ дын сæ фенын кæноп. Стæй мæн исчи куы уарзтаид, уæд ме ’мгъуыдмæ баихъæлмæ кас- таид. Уыцы æмгъуыдмæ та нырма дыууæ боны ис. Кæ- дæм цæуын æмæ цы аразын, уый та мæхи сæрмагонд хъуыддаг у. Раст у, Исмел мæ федта горæтмæ фæцæй- цæугæ, фæлæ мæ аттестат æз уæд æнæнхъæлæджы рай- 48
стон, горæты та ме ’фсымæры хъуыддаджы тыххæй уыд- тæн. Залийы цардæфсæст уадултыл дыууæ цæссыджы уы- цы иурæстæджы æртылдысты. Æвæццæгæн ныр бам- бæрста хъуыддаг. — Цы ’рцыд, уæдæ, æппын зæгъинаг нæу? — сабыр æй кодтон, цыма Зæлийы зæрдæ кæмæй рыст, уыцы æнамопддзинад мæнмæ ничердыгæй хаудта, уыйау. Дзæвгар рæстæджы нæ дыууæ дæр цавддуртау æмыр, æгомыгæй баззадыстæм. — Саубон кæуыпæй хур нæ ракæсдзæп, фæлæ ма ра- дзур, цы ’рцыд? — Хъасбол Шурæтæм хатджытæ куы барвыста, уый дæхæдæг дæр фехъуыстай, — дзырдта Зæли. — Мад æмæ фыд разы уыдысты, æгæрыстæмæй ма сын æхсызгон дæр уыд. Чызг нæ разы кодта, фæлæ йæ Хъасбол уæгъд нал уагъта, дзырдта йыи, ахуыр кæныи, дам, дæ кæд фæн- ды, уæд, дам, дын уымæн дæр ратдзынæн æппæт фадæт- тæ. Бафидауæм уал, дам, чыидзæхсæв, дам, скæпæм, стæй, дам, иумæ ацæудзыстæм ахуырмæ дæр. Чызг уæд- дæр пæ тасыд: «Нæ дæ уарзып, нæ дæ смой кæпдзыпæи», зæгъгæ. Симонты ноджы сæхи хæстæджытæ сыстыдтой. Уæ чызг, дам, царды цæхæрадоны кæй хауы, уый, дам, ын бæстон бамбарыи кæнут, æмæ, дам, кæд иæ разы кæны, уæд, дам, цардæн пицы дæр æмбары. Цæмæй йæ сразы кодтаиккой, уый тыххæй Симон æмæ Сидо дæр чызджы уæгьд кæм уагътой. Мæ цуры дæр ып лæгъз ныхасæй цас фæдзырдтой: Тæхуды, дам, сын уæддæр бакæн сæ цард, се ’гъдаумæ. Фæлæ Шурæмæ уыцы ны- хæстæ уæддæр пицы хуызы хъардтой. Уæд Сидо йæ цæс- сыгтæ æрызгъæлста æмæ афтæ зæгъы: «Дæ амонд хорз уæд, дæ фæхъхъау фæуоп. Ды нæ зæрдæйæп куыд адджын дæ, хуыцау — йæ зонæг. Фæлæ, æвæццæгæн, хъуыды кæныс, ома, дам, мæхп æцæг мад æмæ фыд не сты æмæ, дам, сæ цы ’фсæрмы кæнып. Уæ- дæ пыры оиг лæппуйы дæ адджып æмгар куы хуыдтап, уæд ма дæм ныр цы рауад! Хуыцау дын хуыздæр амопд радтæд. Нæхицæп дæ куы пицы домæм, науæд дæ фыц- цагæттау ирæд æнхъæл миййаг куы нæ дæттæм. Тых ми дып пичн бакæидзæп, ма тæрс!» Уыцы пыхæстæм Шурæ зæрдæхалæн куыд ныккодта. Улæфын дæр нал фæрæзта, мæгуыр, йæ тæригъæдæй амардтæн. Æппынæрæджиау Шурæйæи йæ зæрдæ йе ’муд куы 4. Нартыхты М. 49
’рцыд, уæд йæ мадæн загъта: Дæ фæнд уæд, æрмæст мын сом аходæнмæ ахъуыдыйы бар радт æмæ уæд бафидау- дзыстæм, зæгъгæ. Уыцы уысм Шурæ цы зын уавæры уыд, уымæн зæ- гъæн дæр нæй. Шурæ йæ фыны дæр никуы ахъуыды код- таид, зæгъгæ, Сидо æмæ Симон ме ’цæг ныййарджытæ не сты æмæ сæ уый тыххæй ма фефсæрмы кæнон. Æгæр- ыстæмæй-иу ын исчи куы загъта, ды уыдонæй нæ дæ, зæгъгæ, уæд-иу йæ цæстытæ туджы разылдысты. Шурæ уыцы ’хсæв хуыссæг нæ федта. Иæ райсомы, æз ма хуысгæ кодтон, афтæ мæм хæдзармæ æрбацыд. Загъта мын: мæ мад æмæ, дам, мæ фыды коммæ уæд- дæр иæ бакæсдзынæн. Куы сахуыр кæнон, уæд, дам, сын сбæлвырд кæндзынæн, куыд сæ уарзын æмæ, дам, сæ куыд æфсæрмы кæпын, уый. Цом, дам, мемæ Халацъы хъæумæ, тæккæ абон, дам, хъуамæ Мысостимæ ахуыр- мæ адымон. Дæу афтæ тынг кæй уарзта, уый мын уæды онг никуыма схъæр кодта. Сымахмæ уыдыстæм. Дæ мад нын куы загъта, зæгъгæ, горæтмæ ацыдтæ, уæд раздæх- тыстæм. Нæхимæ нын Исмел дæр загъта, йæ аттестат, дам, райста æмæ, дам, ахуырмæ адымдта. Чызг мастæн нал фæрæзта. Иæхицæн ма цы акодтаид, уый нал зыд~ та. Хъæмæ бацыдыстæм. Исты мын бауынаффæ кæнг зæгъгæ, мæ домдта. Фæлæ йын цы мæ бон уыд. Бирæ хъуырдухæны фæстæ йæ бауырныдта, ды йæ кæй иæ уарзыс. Амæй размæ дæр, дам, ын цалдæр хатты рар- гом кодтон мæ уарзондзинад, фæлæ, дам, мæм никуы йæ хъус æрдардта. Æгæрыстæмæй, дам, мæ ахæм уа- вæры фæуагъта æмæ, дам, йæхæдæг мæнæй йæхи дард аласта. Цы ныфс ма, дам, дзы бавæрон! Æмæ, дам, иу- гæр Мысостимæ нæ амонд иу нæу, уæд ма, дам, амæй уæлдай мæ мад æмæ мæ фыды дæр мæхимæ цæмæи хъыг кæнын. Æз дæр йемæ сразы дæн. Æрмæст, зæгъын, фидаугæ уæддæр ма бакæнут. Мысостмæ, зæгъын, уæд- дæр банхъæлмæ кæсæм. Шурæйы разыдзинад æз Сидо æмæ Симонæц рахабар кодтоп. Сæ цинæн ма кæроп дæр кæм уыд! Уыдоп развæлгъау дзырд куыд уыдысты, аф- тæмæй тæккæ уыцы ’хсæв бафидыдтой. Знон чызджы хæдзары чындзæхсæв кæй уыдаид, ууыл дæр бадзырд- той. Бæргæ ма Симои дзырдта: «Чындзæх^гвмæ цæттæ нæма стæм» æмæ æндæр ахæмтæ, фæлæ йæ сыбыртт дæр нал суагътой. Сымах, дам, æппындæр ницы æфсæрм ис, æппæт дæр, дам, махæй æрдомут. Мах ма дæм Шурæи- мæ знон чындзæхсæвы агъоммæ дæр уыдыстæм. Фæлæ 50
ды нæма уыдтæ хæдзары. Æниу хæдзары куы уыдаис, уæддæр ницыуал гæнæн уыд. Æппын ницы, фæлæ дыл Хъасбол йæхæдæг зæрдийæ уыд. Хъысмæты афтæ ба- фæндыд æмæ йыл хъæцын хъæуы. Зæли ныхъхъуси. Æбуалгъ цаутæм хъусгæйæ мæ хуыдытæ ныдздзæгъæлтæ сты. Æнæ Шурæйæ мæ ду- нейыл цæрын кæй хъæуы, уыцы æцæгдзинадимæ мæ бон нæ уыд бафидауын æмæ нæ дæр уый фаг хъару мæхи- мæ хатыдтæн. Æмæ ма уæдæ цы чындæуа? Ахæм æбу- алгъ хъуыддæгтæ æз æрмæстдæр чингуыты кастæн, фæ- лæ æцæгæй царды дæр вæййынц, уый мæ ныры онг нæ уырныдта. О, æвæццæгæн, вæййынц. Вæййынц, фæлæ цы уæлдай мæ сæрыл хъуамæ æрцæуой! Иууыл диссагдæр уый у, æмæ ахæм æнамонддзинады тыххæй æз ивгъуыд дуджы цардæй ист уацмысты кастæн. Нæ дуджы æцæг- дзинады та вæййы чысыл змæнтджытæ дæр, уарзæттæ арæх сæ кæрæдзи дæр нæ фембарынц, се ’хсæн карз мæстытæ дæр вæййы, фæлæ, сæ кæрæдзи æнувыд уарз- гæйæ, никуы ахицæн вæййынц. Уæдæ ма æз цы ракодтон. Уæдæ уымæй уæлдай ницыуал фадат ис! Уæд та ныр тæккæ дæр бацæуин чындзæхсæвгæнджытæм æмæ сын зæгъин: уый мæ уарзон куы у, мах нæ кæрæдзи уарзон- дзинадæй тайгæ æмæ руайгæ куы кæнæм, уæд нын цæ- мæн ахæм карз тæрхон хæссут, рагон аргъæутты чызг æмæ лæппуйау нæ нæ кæрæдзийæ цæмæн иппæрд кæ- нут?! Фæлæ ма цы амалæй! Стæй мæ чемæ ис хъуыд- даг? Мæ адджындæр хæларæн йæ усы байсон! 0, цы сæр- хъæн хъуыдытæ мæм февзæры!.. ДЫККАГ ХАЙ 1 Рæстæг диссаг у, рæстæг. Зæрдæйы рыстдзинадæн никæцы дохтыры бон у схоскæнын. Иунæг æвдадзы хос рæстæг у. Рыст зæрдæйы рæстæджы бæрн бакæн æмæ дæ йе сдзæбæхæй ныфс уæд. Рæстæг мæ зæрдæйы хъæд- гæмттæ дæр байгас кодта. О, байгас кодта, фæлæ арф хъæдгæмттæ уæддæр нуæсæй баззадысты æмæ рæстæ- гæй-рæстæгмæ, Шурæйы æнамонддзинад фехъусгæйæ, кæмдæр зæрдæйы къуымы рагон рыстытæ ног раргом вæййынц. Фондз азы дæргъы институты ахуыргæнгæйæ, дæлæ- 51
мæ не ’руагътон, Думасты хъæуы скъолайы мын цы кад уыд, уый. «Куыст — цардæн фæрæз», зæгъгæ, мæ зæр- дыл-иу æрлæууыдысты Къостайы ныхæстæ. Уыцы ны- хæсты нысаниуæгыл æз лæмбынæг институты ахъуыды кодтон. Æцæгдæр, ахуырдзинад райсыны сæраппонд фыл- дæр цы бон бакуыстон, уыцы изæр-иу мæм дуне зынди рæсугъддæр, стъалытæ-иу мæм бæрæг ирддæр æмæ ми- дисджындæр зындысты. Мæ уæнгтæ-иу уыдысты уæлдай рогдæр æмæ-иу мæ, бæллицæмхиц сабийау, арвы æгæ- рон тыгъдады бæрзонд тæхын фæндыд. Æхсæв дæр-иу адджын фынты ныгъуылдтæн. Мæ сæрæй уæддæр иу хъуыды нæ хицæн кодта, зæ- гъын, цæрæнбонты Шурæйы рæсугъд ном мæ зæрдæйы сыгъдæгæй хæсдзынæн, уый фæстæ мæ зæрдæ никæмæн уал байгом кæндзынæн. Æз-иу дардæй дæр Шурæйы царды хабæрттæ æнæ афарсгæ нæ фæдæн. Куыд æрыхъуыстон, афтæмæй Хъас- бол уыцы аз Шурæйы уæлдæр ахуырмæ нал ауагъта. Тæригъæд, дам, дæ райдианæй фæстæмæ, дам, тынг хорз нысæиттимæ ахуыр кæныс æмæ, дам, иу афæдз баулæф. Фæлæ дыккаг аз ахуыры райдайæнмæ Шурæ сывæллон- джыи баци, æмæ ма йын цæй цæуæн уыд! Æртыккаг аз та ногæй йæхи бар нæ уыд. Афтæмæй баззад хæдзары. Хъасбол йæхæдæг дыккаг аз Киевмæ цахæмдæр æфсæд- доп скъоламæ бацыд ахуыр кæнынмæ. Институт каст куы фæдæн, уыцы сæрд мæхæдæг хъуыддаджы фæдыл бахаудтæн Думасты хъæумæ. Уын- джы хæрхæмбæлд фæдæн Шурæйыл, дыууæ стыр ведра- йы мидæг дон фæцæйхаста. Фыццаг мæ йæхæдæг ауыд- та. Джихауæй аззад. Зæрдæйы рагоп хъæдгом пог са- гайдта. Цæй Шурæ ма дзы уыд!.. Йæ цæхæр цæстытæ бæрæг фæкъуырфдæр сты, мæллæг рустæ кæмдæрты фенцъылдтытæ сты, кæддæр Думасты фæсивæды сæр чи зилын кодта, уыцы фенддаг, йедзаг риутæ бынтоп ба- тадысты. Æддейæ бакæсæг ын цыппор фондз азæй къад- дæр нæ радтаид. Ахæм цыбыр рæстæджы адæймаджы хуыз афтæ аивгæ нæма федтон. Æрмæст ма æнæаивгæ баззадысты дæндæгтæ, уыдон раздæрау дзæнхъадуртау æрттывтой. Йæ сæрыл уыдис, хæххон сылгоймæгтæ арæх кæй дарынц, ахæм хуымæтæг æртæкъуымон четæнæй кæлмæрзæн, йæ къæхтыл — хи хуыйгæ дзабыртæ хæцъи- льш уæлфæдтимæ. Фондз азы размæ дæр ма ахуыргæ- нинаджы формæйы цард æмæ амонды символау чи фи- дыдтой, уыцы хæрзконд уæнгтæ джиппæйфыст четæн æд- 52
гуыркъабайы цыдæр тæригъæддаг æмæ кадаварæй зын- дысты. Иæ хистæр сывæллон раджы афæдздзыдæй амард, фæлæ йæ уæдæй фæстæмæ æз фыццаг хатт кæй уыдтон, уымæ гæсгæ йын, æгъдау куыд амоны, афтæ бамæсæл- лæй кодтон. Уый уыдис æнахуыр æрхæндæг. Æцæг хъæ- булы маст зын уромæн у, фæлæ уыцы уæззау маст уый æртæ азы размæ бавзæрста. Æпдæр сагъæс æмæ царды хъизæмар дæр ма йыл йæ фæд кæй пыууагъта, уый зын рахатæн нæ уыд. Чизоны, мæ фенгæйæ йæ ив- гъуыд бонты цардæй исты йæ зæрдыл æрлæууыд æмæ ныртæккæ уый уыд йе ’рхæндæг цæстæнгасы аххосаг. Иæ царды хабæрттæй йæ лæмбынæг афарстон. Шурæ мын куыд радзырдта, афтæмæй ма Хъасбол афæдз æмæ дыууæ мæйы размæ æрцыд сæ хæдзармæ, уыдис ыл лейтенанты пагæттæ. Йæ бннойнагыл тынг нæ баузæлыд. Уайтагъд аздæхт æмæ йæм уæдæй фæс- тæмæ фыстæг дæр никуы уал æрæрвыста. Йæ ацыдæй авд мæйы фæстæ ма иу фыстæг йæ мадмæ æрæрвыста, фæлæ дзы йе ’мкъайы кой кæнгæ дæр не скодта. Хæрз- æрæджы ма йæ фыдмæ дæр иу фыстæг æрæрвыста, фæ- лæ лæг уый йæ чындзæп æвдисгæ дæр нæ ракодта. Шу- рæ биионтæй пицы хъаст кодта. Æниу ын æвзæр куы уыдаиккой, уæддæр йæ биноптæй мæгуырау ныхас кæй никæмæн загътаид, уый æз мæхæдæг дæр зыдтоп. Æз æй æрсабыр кодтон, иыфсытæ йын æвæрдтон. Зæгъын, фыстæг фыссыиæн хатт рæстæг дæр нæ вæййы. Стæй Хъасболы фыстæг йæ фыд кæй никæмæп равдыста, уый дæр нæу уадиссаг зæрдæмæ хæссинаг цау. Хатт фыд æмæ фырты æхсæн дæр гæнæн ис æмæ уа, зæгъын, исты сусæгдзинад. — Ды та мæм цæуылнæ искуы ныффыссыс фыстæг? Æгас æртæ азы дæргъы адджын æмбæлттæ уæддæр уы- дыстæм. Æгæрыстæмæй ма мæм Исмел æмæ Алыбег дæр фыссынц фыстæджытæ, уыдон нырма Мæскуыйы ахуыр кæнынц,—уайдзæф мып кодта Шурæ. Уыцы уай- дзæфмæ мæнæн мæхи срасткæнынæн ницы мæ бон ба- цис зæгъын. Æниу чизоны мæхи раст дæр скодтаин, фæ- лæ уæд ныхас æнæрыфтаугæ нæ уыд, æмгардзинадæй дарддæр ма нæ Шурæимæ цы иу кодта, уыцы æпкъарæн- тыл. Дзæвгар рæстæджы нæ дыууæ дæр æгомыгæй фæ- лæууыдыстæм. Шурæ къæхтыбынæй ныуулæфыд. Ца- 53
хæмдæр тæригъæддаг каст ма мæм арбакодта æмæ мын уымæй бамбарын кодта, фæхицæны афон кæй у. «Фæпдараст фæу, ноджы дæр дæ амонд хуыздæр уæд дæ мады фæндиаг», — уыдон уыдысты йæ фæстаг ны- хæстæ. Цас сагъæс, цас фæсмондзинады æнкъарæнтæ зынд ацы пыхæсты!.. 9 ^. Шурæйы уæззау уавæр, уый сагъæссаг цард мын улæфт нал лæвæрдта уæдæй фæстæмæ. Нæхицæй æрыфт- гæйæ-иу искæй куы федтон, уæд-иу æй Шурæйы царды хабæрттæй æнæ афæрсгæ нæ фæдæн. Чи-иу мын дзырд- та йæ бинонтæ йæ нæ уарзынц, чи та дзырдта, зæгъгæ, Хъасбол, дам, æм фыссы, мæхимæ, дам, дæ тагъд ракæн- дзынæп. Шурæимæ нæ уарзондзинады ’хсæн егъау сисын лæс- гæр раджы сырæзт, фæлæ уæддæр царды уый хъизæмар хъусын мæ зæрдæйыл къæйдурау æнцад. Æгæрыстæ- мæп, хорз æмгарау, Хъасболмæ æртæ хатты арвыстон фыстæг. Барджыны уайдзæф ын кодтон, йе ’мкъаймæ æнæмæты ахаст кæй дары, уый тыххæй. Домдтон дзы, цæмæй йæ йемæ акодтаид, æмæ уымæй Шурæйæн дæр хуыздæр царды фадæттæ уыдаид. Хъасбол мæм æртык- каг хатт ахæм цыбыр дзуапп æрæрвыста: «Бузныг дæ зондамындтæй, мæ хæлар. Фæлæ дын тæригъæд кæнын, мæ бинонты царды хъуыддæгты уы- наффæйæ дæ сæр æгæр кæй риссын кæныс, уый тыххæй. Чизоны уыцы сагъæс æндæр мæтагæй куы баивис, уæд хуыздæр уаид. Хъыг дæм мацы фæкæсæд. Дæ хорзмæ бæллæг Хъасбол.» Мæ хæлары ирони йæ нысаныл сæмбæлд. Уæдæй фæс- тæмæ æз ног мæхи дард ласын æмæ гæнæн уæвгæйæ æппæт дæр ферох кæнын хуыздæрыл банымадтон. Шу- рæйы цард æмæ хæдзарвæндаджимæ цыдæриддæр баст ис, æппæт уыдои мæ зæрдæйæ стоныныл архайдтон. Ахуыргæнæджы куыстыл ныллæугæйæ æз никуыуал ни- кæй бафарстон Шурæйæ. Чингуытæ кæсын æмæ хиуыл кусыны ардтои царды фæрæз. Мæ ирон æвзаджы ахуыр- гæнæг Барис-иу мæ зæрдыл арæх æрлæууыд. Цæмæй мæ урок, мæ ныхас дæр уыйау искæуыл бандæвтаид, ууыл архайдтон, æппæтæй дæр уый фæзмыдтон. Æмæ 54
куыд æнхъæлдтон, афтæмæй мæ куыст, мæ фыдæбон дзæгъæлы нæ уыд. Æз Барисæн куыд аргъ кодтон, ахæмтæ мæнæн дæр кæй уыд ахуыргæнинæгты ’хсæн, уый мæ зæрдæйæн цыдæр æхцондзннад лæвæрдта. Уæл- дай æхсызгондæр та мын уый уыд æмæ мын Барис йæ- хæдæг куыд бафæдзæхста, афтæмæй æз уымæй фыстон мæ уарзон ахуыргæнæджы лæггæдтæ. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, уарзыныл зæрдæ куы фæцай- дагъ уа, уæд, дам, æнæуарзгæ нæу йæ бон. Уыцы хъуы- дыйыл æз дæр сразы дæн, Азæимæ фыццаг хатт куы базонгæ дæн, уæд. Зæрдæйæн куыддæр æхсызгон уыд йæ фыццаг фенд. Цыдæр мæм дзы Шурæйы ’нгæс каст, йæ ныхас, йæ характер мын кæддæриддæр Шурæйæ цыдæр мæ зæрдыл лæууын кодта. Шурæйау мæм æнæхин, хуы- мæтæг кæд раджы фæкаст, уæддæр мæхи ирхæфсынæй уæлдай йемæ мæ цард сиу кæнынвæнд пæ кодтон. Фæ- лæ фæстагмæ кæрæдзи зæрдæтæм арфдæр куы ныккас- тыстæм, кæрæдзийыл куы сахуыр стæм, уæд мæ зæр- дæйы ног ссыгъд уарзондзинады арт, фидарæй аскъуыд- дзаг кодтон нæ цард сиу кæнын, йемæ æгъдаумæ гæс- гæ фидаугæ дæр бакодтон, фæлæ мæнæ ног бæллæх... Нæ зонын цы йæ схуындæуа: ног æнамонддзинад æви амонды райдайæн... Скъолайæ рæстæгмæ сæрибар кæй уыдтæн, уымæй спайдакæнгæйæ, æз Иры хъæуты райдыдтон лекцитæ кæсын. Мæнæ къуыри размæ иу изæрыгон Думасты хъæумæ дæр фæуазæг дæн. Хъæу бирæ фæрæсугъддæр. Хъæуы астæу сырæзт стыр клуб, правленийы ног агъуыст дæр — йæ фарсмæ. Мæ фæнд колхозы сæрдарæн бамбарын кодтон æмæ йын мæ путевкæтæ дæр фенын кодтон. Хъуыддагыл сæр- дар йæхæдæг дæр бацин кодта. Уайтагъд бригадиртæм фæсидт, адæм æрæмбырд кæнын сын бахæс кодта æмæ клубы ’рдæм базылдтæн. Æхгæд разынд. Чысыл лæп- пуйы арвыстон клубы гæс агурæг. Цалдæр минуты фæс- тæ йæ дæгъæлтæ тилгæ æрбазындис Зæли. Рагон хæ- лæрттæ куыд фæкæнынц, афтæ кæрæдзийыл баузæлы- дыстæм. Фырцинæй цы акодтаид, уый дæр нал зыдта. 55
Цалынмæ адæм æмбырд кодтой, уалынмæ мах клубы чысыл сценæгондмæ бацыдыстæм æмæ кæрæдзийæн рай- дыдтам нæ царды хабæрттæ дзурын. Зæли мын загъта, зæгъгæ, йæхæдæг фарон иу фи- зикæй смой кодта. Зæрдиаг арфæтæ йын ракодтон, йæ амонд кæй ссардта, уый тыххæй. — Æмæ мæ Шурæйæ цæуылиæ фæрсыс уæд, Шурæ- йæ? — куыддæр æй сфæрсынмæ хъавыдтæн, афтæ мæм йæхæдæг фæразæй. Зæлийы хуызыл куыд зыид, афтæ- мæй Шурæйы тыххæй цыдæр зæрдæриссæн цау зæгъи- наг уыд. — Стыр мæнгард лæг разынд Хъасбол. Уый Уыры- сы æртæ азы размæ æндæр ус æрхаста æмæ йæ азмæ- джы онг Шурæ зонгæ дæр пæ бакодта. Февралы мæйы иу æрттывд фæкодта, Кавказмæ, дам, чысыл æмгъуыд- мæ командировкæйы дæн, зæгъгæ, æмæ-дыккаг боп аз- дæхт. Йæхи æдзæсгомæй «раст кодта»: цы, дам, сара- зои, ус, дам, æрхастон, загсы, дам, фыст æрцыдыстæм æмæ ма, дам, ын ныр цы хос ис. Йæ паспорт ын мæхæ- дæг федтон. Уым уыдысты фыст йæ ус дæр æмæ йæ афæдздзыд лæппу дæр. Уæдæ, зæгъын, ныр Шурæйæн цы дзуапп дæттыс? Шурæйы кæд фæнды, уæд, дам, цæ- рæд. Кæд, дам, æй нæ фæнды, уæддæр, дам, ын цы кæ- нон. Фыццагон дзуæрæфтыд, дам, мыййаг не стæм æмæ, дам, бар-æнæбары мæ царды бонтæ тыхмийæ йемæ ба- тонон. Æз, дам, æй раздæр дæр нæ уарзтон, фæлæ, дам, мын æй мæ мад æмæ мæ фыд тыхæй æрхæссын кодтой. Шурæ фæкатай кодта, цалдæр фыстæджы дæр ма йæм арвыста, фæлæ дзы иунæг хатт дæр дзуапп куынæ уал райста, уæд ма дзы цы бадтаид. Йæ чысыл чызджы дæр йемæ ракодта æмæ ныр æртæ мæйæ фылдæр йæ фыды хæдзары вæййы. Æз æмæ Шурæ дыууæ хатты районы дæр уыдыстæм. Мæхæдæг бауынаффæ кодтон Шурæйæн, зæгъын, за- къонмæ гæсгæ йын Хъасбол сывæллоны тыххæй али- менттæ уæддæр кæд фидид, фæлæ дзы ницы рауад. Загътой йын, зæгъгæ, загсы фыст не стут æмæ æнæуи ницы гæнæн ис. Уæхæдæг, дам, уæхирдыгонау бадзу- рут æмæ, дам, кæд йæ цæст уарзы, уæд, дам, ын æнæуи æххуыс кæнæд йæ сывæллонæн. Уалынмæ нæм сæрдар æрбацыд, зæгъгæ, адæм æрæм- бырд сты æмæ сæ каст дæумæ у. Шурæйы тæригъæдæй мæ зæрдæ ныддур. Лекци кæ- синаг мын кæй уыд, ууыл куы ахъуыды кодтон, уæд 56
тынгдæр бакатай кодтон. Фæлæ дзы æндæр гæнæн ная уыд. Цыдæр тыхст хъæлæсæй дзырдтон ирон литературæ- йы историйы фыццаг ирон мыхуырон чиныг фæзынынæй суаиг советон ирон литературæйы æрыгон фæлтæры онг. Къласикон литературæйы искæцы фыссæджы уæззау хъысмæтыл, йе та уарзондзинады мотивтыл дзургæйæ- иу уайтагъд Шурæ æрлæууыд мæ зæрдыл. Шурæ... Æпамонд Шурæ... Лекци каст фæдæн æмæ Зæлийæн балæгъста кодтон, зæгъын, æнæмæнг мын исты амалæй фепын кæп Шурæ- йы. — Цом махмæ, хæдзармæ, уырдæм æм фæдзурдзыс- тæм. Махмæ мацæмæй æфсæрмы кæн. Мæ лæг горæты ис ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæны- ны курсыты. Æндæр нæм мæхицæй дарддæр ничи ис. Зæли мын йæ цонг мæ дæлармæй нал райста, афтæ- мæй æнæдзургæйæ арастыстæм сæ хæдзармæ. Æцæг дæр сæм ничи уыдис. Хæдзары дуарыл дæргъæццон сау гуы- дыр уыд æвæрд. Зæли хорз фæлыст уатмæ бахызт мæ разæй. Ныртæккæ æрбаздæхдзынæн, иунæгæй ма схъыг у, зæгъгæ, бакодта æмæ мын фотонывты альбом мæ ра- зы стъолыл авæрдта, йæхæдæг дуары æдде фæцис. Цыдæр хæццæ хъуыдыты ныгъуылгæйæ, иугай фæл- дæхтон альбомы сыфтæ. Мæпæ мæм къамæй йæ мидбыл худы Шурæ. Худы цардмондаг цæсгом, худы æвзонг зæрдæ. Рæуæууæнк чызг æнхъæлы, цыма амонды сыгъ- дæг арвыл цæрæнбонты никуы фæзындзæн мигъы къæм. Мæнæ та ноджы дæр Шурæ чындздзон кæлмæрзæиы, Хъасболы уæхскмæ йæ сæр бакъул кодта. Ам уый худ- гæ нал кæиы, цыдæр зын рахатæн арф сагъæсты ны- гъуылы цæсгом. Альбомы сыфтæй æз се ’рдæг дæр нæма рафæлдæх- тон, афтæ Зæлиимæ мæ уæлхъус æрбалæууыд Шурæ. Йæ иу бакастæй зæрдæ ныккæрзыдта. Æппын ын ницы æнгæсдзипад уьтд, альбомæй чи каст, уыцы Шурæимæ. Фæстаг хатт ма йæ куы федтон, уымæй ноджы тынгдæр бахаудтой йæ цæстытæ. Бирæ цæссыг сæ кæй фæлæ- дæрст, уый иу бакастæй дæр бæрæг уыд. Уыцы фидыц- джын цæстытæй мæм раздæр цы тымыгъджын океан зынд, уый ныр бынсур баци. Афтæ ма басур вæййы, хус рæстæджы дзæгъæл хъæды йæ къабæзтæ цагъд кæмæн вæййынц, уыцы бæлæсты бын къæвдайы мал. ЪТ
Ногæй раргом зæрдæйы рагон хъæдгом. Æнæдзур- гæйæ мæхи баппæрстон Шурæмæ. — Шура*, мæхи Шурæ, мацы мын зæгъ, æз мæхæдæг æппæт дæр зонын. Бирæ цæмæйдæрты дæ разы азым- джын кæй дæн, уый дæр зонын, — йæ мæллæг къухтæ йын мæ уадултыл сæвæргæйæ дзырдтон æз. — Дæ уар- зондзинад мæ йæхицæн афтæ сцагъар кодта æмæ ни- куы мæ ныфс бахастон мæ зæрдæйы æнкъарæнты фæ- дыл дæ цуры иунæг сыбыртт скæнын дæр, тынгдæр мæ Хъасболимæ æмгардзинады ахаст баста. Цалдæр азы дын дардмæ дæр хъуыстон дæ зæрдæйы сусæг хъуыр- духæн, рох мæ никуы уыдтæ, фæлæ мыл ног мæ зæрдæ- йы æнкъарæнтæ куы стых уыдаиккой, уымæй тæрсгæйæ мæхицæн тыхми кодтон, дард лæууыдтæн. Ныр æз ницæ- мæй уал аргъуц кæнын. Дæхимæ ма кæд ис дæ иухатты зæрдæ, кæд ныр дæр мемæ ингæнмæ цæуыныл разы дæ, уæд мах фæхицæн кæнын никæй уал бон бауыдзæн. Ды мæнæи нырма дæр иухатты Шурæ дæ, мæ зæрдæ нырма дæр раздæрау рæмудзы дæу тыххæй. Цæй, ныууадз ка- тай æмæ зæрдæхалæн сагъæс. Ферох кæн нырыонджы фыд-фынтæ, — дзырдтон Шурæйæн тыхст хъæлæсæй. Уый диссаг куыд нæ уыд! Ныры онг иунæг дзырд «уар- зын дæ» сфæразын никуы бацис мæ бон, фæлæ уал азы æнæдзурыны амæттаг кæй фæдæн, уый тæссæй зæрдæ- йы сагъæс раргомкæныны тыххæй æппындæр ницыуал ауæрстон. Шурæ æдзынæгæй каст мæ цæстытæм. Зæрдæйы мид- хъуырдухæнты кæй уыд, ууыл дзурæг уыд йæ мæллæг цæсгом. — Уырнæд дæ, Шурæ, æрмæст ма мæ раздæрау уарз, уый йеттæмæ адæм нæ амондмæ тæхуды кæндзысты, — райдыдтон та дзурын. Мæ ныхæстæм Шурæ дæр нал ба- быхста æдзынæгæй лæууыч: — Нæ, Мысост, нæ! Ныр байрæджы ис. Æз ма ныр цы сæрмæ хæссинаг дæн. Мæ уындæй мæхæдæг тæрсгæ куы кæнын. Иумæ ацæугæ нæ чи фена, уыдон ма дыл худгæ дæр кæндзысты, — дзырдта Шурæ уынгæг хъæ- лæсæй. Цыдæр зæгъын ма йæ фæндыд, фæлæ йæ бон нал баци. Йæ зæрдæ фантанау рæмыгъта. Ивгъуыд бон- ты фæсмон æмæ хъизæмарæй равзæргæ маст-иу йæ хъуырмæ схæццæ æмæ та-иу æй фæстæмæ аныхъуырд- та. ( — Ныр байрæджы ис æпиæтæн дæр,— ног бацар- хайдта йæ зæрдæйы сагъæс раргом кæныныл. — Æз дæу 58
раздæрау æнувыдæй уарзын, стæй дæ æнæуарзгæ, нæ базындæй фæстæмæ, æппындæр никуы уыдтæн. Чизоны ма мыл худгæ дæр кодтай, мæ уарзондзинад-иу дын куы æмбарын кодтон, уæд. Мæ зæрдæ ме ’вдисæн, чындзхæс- джытæ мæм цалынмæ нæ рацыдысты, уалынмæ дæр ра- зы уыдтæн демæ ингæнмæ ныххизыныл дæр. Нæ ахи- цæны та нæ дыууæйы аххос дæр æмхуызон уыд. Æниу мæн æрмæстдæр мæ мады ныхас куынæ басастаид, уæд нæ никæцы ныхдур фæиппæрд кодтаид нæ фæндагæй. Уадз, ныр дæр дæ фæлтау дардæй уарздзынæн. Афтæ хуыздæр уыдзæн адæмы ’хсæн дæ кадæн, дæ авторите- тæн дæр. Науæд æхсæрдæс азы уымæн ахуыр кодтай, æмæ Хъасбол лæзæрд æрчъиау брондонмæ кæй аппæр- ста, уымæ æрхауай! — Шурæйы тæнæг былтæ æргъæвст маргъы базыртау базыр-зыр кодтой. Сылгоймаджы дыу- уæ къухы дæр ме ’рмтты æнгом тыхт кæй уыдысты, уый мæллæг уадулыл судзгæ цæссыгæн сæрибарæй згъо- рыны фадат лæвæрдта. Фæстагмæ йæ маст ныхъхъуы- рын йæ бон нал баци æмæ зæрдæхалæн куыд ныккодта. — Уыдæттæ æппындæр ма хæсс дæ зæрдæмæ. Ахъуы- ды ма кæп, ды мæнæй хуыздæр куы ахуыр кодтай. Дæ зæрдыл нал лæууы, æз ахуырмæ фыццаг хатт уе скъо- ламæ куы ’рбацыдтæн, уыцы бон? Мах зонгæ дæр куы- нæ уыдыстæм, афтæмæй мын Мадагаскары сакъадах дæр ды куы бацамыдтай. «Я мал» дæр мын ирон æвза- гæй ды куы стæлмац кæнын кодтай. — Æз архайдтон исты амалæй Шурæйы æрсабыр кæныныл. Шурæ кæу- га? пал кодта. Иæ хуылыдз уадултæ йын сабийау мæхæ- дæг ныссæрфтон, фæлæ та-иу ног схуылыдз сты. Шу- рæйы сæр мæ риумæ æрбакъул кæнгæйæ, æдзынæгæй дзæвгар фæлæууыдыстæм. Зæли дæр йæ цæссыгтæ сæрф- та, фæлæ уыдон цы нысан кодтой, уый æз нæ хатыдтон. Æз цæрæнбонты уæды хуызæн райгонд никуы уыд- тæн мæ амондæй. Æгас дыууадæс азы дæргъы кæй су- дзгæ уарзтæй сыгътæн, дыууадæс азы æгъуыссæг æхсæв- тæ кæй тыххæй æрвыстои, уый æз мæ риумæ хæстæг фыццаг хатт банкъардтон. Дыууадæс азы дæргъы иы бæллиццаг минуттæм мæ былтæ ’хсыдтон, уыдон мæ къух- ты бафтыдысты æрмæстдæр фараст æмæ ссæдз аздзыд лæгæй. О, куыд тынг бæллыдтæн хибарæй Шурæйы къух мæ арммæ райсынмæ! Фæлæ æз уымæ дæр никуы мæ ныфс бахастон. Ныр Шурæйы мæ хъæбысы ныттыхтон, мæнæн уый бар куы нæ уал уыд, æндæримæ мæ цард æнгом сбæттынмæ куы ’рцыдтæн, уæд. 59
Зæли нын уайтагъд фынг авæрдта. Суанг æмбис- æхсæвтæм фæдзырдтам нæ зæрдæйы бæллицтыл. Æз æхсæвиуат кæнынмæ нæхи хъæумæ мæхи рабæлццон кодтон. Шурæ мæ суанг хъæуы кæронмæ рахизын кодта. Нæ кæрæдзинæ нæ нал фæндыд фæхицæн. О, куыд дисса- джы æхсæв уыд! Æгуыппæг æхсæвы сусæг мыртæм æнæ- ссыбыртæй бирæ фехъуыстам Шурæимæ. Цыма Шу- рæйы уыцы ’хсæвæй фылдæр уæды онг никуы уарзтон, афтæ мæм каст. Уый уал азы бирæ кæй фæмаст кодта, уый тыххæй йын æз кодтон тæригъæд æмæ уыцы тæ- ригъæды æнкъарæн дæр мæ уарзондзинадмæ æфтыд. Фæлæ та пог æпамонддзинады тасæй æваст мæ уæнг- тæ барызтысты. Мæ зæрдыл æрбалæууыд Азæ. Ахæм æгуыппæг æхсæв уыд дыууæ мæйы размæ, Азæйæн нæ цард сиу кæныны тыххæй фидар дзырд куы радтон, уæд дæр. Шурæ, æвæццæгæп, уый тыххæй æппыпдæр пи- цы зоны, æндæра мæм чизоны хæстæг дæр нал æрлæу- уыдаид. Ау, ныр цы дзуапп хъуамæ радтон Азæйæн, йæ хæстæджытæн, нæ хъуыддаг аразæг ма? хæлар Сарди- йæн! Зæрдæ та риуы ног схæлбурцъ кодта, фæлæ æх- сæвы тары Шурæйы уарзон цæстытæм фæкомкоммæ дæн æмæ æппæтыл дæр мæ къух ауыгътон: Уадз, æгъгъæд уæд æз æмæ Шурæйы хъизæмарæн! Нæ амонды размæ цы ныхдуртæ фæлæууа, уыдон æз æгъатырæй ныппырх кæндзынæн. Æз Азæйæ хатыр ра- курдзынæн. Уый мæн азымæй æндæр æмкъайы раз сæр- къулæй пикуы ацæудзæн. Æгæрыстæмæй йын пъа дæр никуы ма акодтон. Стæй Азæйæн дæр цас амондджын- дзинад уыдзæн йе ’мкъайы зæрдæ цæрæнбонты æидæри- мæ дзура, афтæмæй йемæ цæра! Нæй, пыр æппæт дæр фæуд у, — аскъуыддзаг кодтон фидарæй æмæ Шурæйы мæ риумæ æнгомдæр æрбалхъыв- тон.
УАЦЛУТÆ ÆРМКЪУХТÆ БЫДЫРÆЙ ХОХМÆ Дзаумæттæй йедзаг бричкæйыл фæстæмæ, нæ хъæуы ’рдæм здæхтæй бадтæн æмæ Алазаны фурды онг немæ чи рацыд, уыцы адæмæй мæ цæст нал истон. Æгас хъæубæстæй нæ фæстæ чи нæ уал рацыд, ахæм, æвæц- цæгæн, æнахъом сабитæй дарддæр ничиуал баззад. Хъæуæй иу километры дæрддзæгæн цæугæдоны онг не- мæ фæцыдысты æмæ цыма Къахетæй Ирыстонмæ нæ, фæлæ Аляскæмæ цыдыстæм, уыйау нæ фæндараст код- той, узæлыдысты ныл. Бричкæйы раззаг цæлхытæ ивылд доны уыдысты, афтæмæй дæр ма нæ сыхаг зæ- ронд Бибо бæхтæрæг — ме ’фсымæры лæппу Леуанæн бæхтæ фæуромын кодта æмæ мæ Уастырджыйæн «фæ- дзæхста». Иугæр донæй æдасæй куы рахызтыстæм, уæд адæм къордгай фæстæмæ здæхтысты. Æз дардæй дæр дзæбæх æвзæрстон, ме ’фсымæры цыппар аздзыд чызг Наташæ ма уæддæр доны был кæй лæууыд æмæ йæ чысыл къух- тæй йæ цæстытæ кæй æууæрста. Уæртæ йæм йæ мад бацыд, йæ цонгыл ын ныххæцыд æмæ йæ фæкæны, фæс- тæмæ кæугæйæ кæй фездæхы, уый мын цы рахатын хъуыд. Æмæ канд уый нæ, фæлæ хъæубæсты устытæй, мæ мадæн хæрзбон зæгъгæйæ, бирæты зæрдæ суынгæг æмæ ма уыцы рæстæджы сылгоймаг кæм фæуромы йæ цæссыгтæ. Зын уыдис мæ мадæн дæр, уал азы кæм фæцард, йе ’взонджы бонтæ кæм батыдта, уыцы хъæубæстæ ныу- уадзын æмæ искуы æнахуыр адæмы ’хсæн ног цард ара- зын, фæлæ йын æндæр фæрæз нæ уыд. Ныр Леуаны фарсмæ æмыр, æдзынæгæй бадтис, æмæ цæуыл сагъæс кодта, уый зын рахатæн уыд. Кæд фæндаг дзæбæх уыдис æмæ бричкæйыл дæр уа- 61
диссаг уæззау уаргъ ницы уыдис, уæддæр бæхтæ зивæ- гæй цыдысты, æниу сæ Леуан йæхæдæг дæр нæ тыхсын кодта. Цалынмæ нæ фæаууон сты, уæдмæ мæ цæстытæ нал æмæ нал хицæн кодтой нæ хъæуы сæрмæ хуссар- варс рагъы æрдузæй. Уæвгæ, цæй адджын у райгуырæн къуым, — адæй- маг сабийæ фыццаг йæ къахыл кæм слæууыд, хъæл æмæ лæдзæгæй кæм фæхъазыд, йæ мадæлон æв- заджы ад кæм базыдта, уыцы уæзæг. Ныр æз лæмбынæг ахъуыды кодтон мæ хъæубæстыл, алыхатт-иу сæрды каиикулты ме ’рцыдмæ цымыдисæй чи æнхъæлмæ каст» уыцы æмгæрттыл, кæугæйæ кæй ныууагътон, уыцы чы- сыл Наташæйыл æмæ мæ зæрдæ куыддæр нырхæндæг, ныддур. Ме ’рхæндæгдзинады аххосаг мæхæдæг дæр нæ зыдтон. Мæ иог бынатмæ цæуын мæ нæ фæндыд зæгъын æмæ дысон дæр мæ фæндаджимæ зæрдæдзургæйæ рæст- мæ фынæй дæр куы нæ бадæн. Æгæрыстæмæй ма мын сæрдар Лади дæр цас фæлæгьстæ кодта, зæгъгæ, сом- мæ æрлæу, колхозы машинæ æвдæлон уыдзæн æмæ æф- сæнвæндаджы онг ууыл ацæудзынæ. Фæлæ æз не сразы дæн, иугæр цæуыны къахыл лæуд уыдтæн, уæд иу минут дæр мæ бон нал уыд фæстиат кæнын. Дысон ма мæ зæрдæ цыдæр æхсызгон хъыдзы дæр кодта мæ ног куысты цинæй, бынтон кæй нæма зонын, уыцы ног цардмæ бæлгæйæ. Фæлæ ныр æнустæм ныу- уагътон мæ хъæу, мæ фыды хæдзар, æппæтыл дæр мæ къух систон. Цымæ дзы æдзæугæ нæ уыд? Райсом ма мæ хуыздæр хæлар Габи дæр афтæ куы бакодта: «Мухтар ныр ин- дзылер лæг у, мæ хур, æмæ ма махимæ йæ сæрмæ кæм бахæсдзæн». Цымæ æцæг афтæ у! Æз мæхи сæрмагонд царды фæндагыл цæуын? Цымæ мæ бон нæ уыд мæ ахуырдзинадæй мæ хъæубæстæн феххуыс кæнын? Фæ- лæ куыд, цы амалæй? Æз æрмæстдæр хæххоп индзылер дæн, мæ куыст зæххы бын хъæзныгад агурын æмæ уый хи бакæнын у. Цы хъуамæ аразон нæ хъæуы?! Раст нæу Габи. Фæлæ нæ, Габи зæндджын лаеппу у, уый аф- тæ æрмæстдæр хъазæн ныхасæн загътаид. Зæрдæ та иу уысм Иры хæхтæм мæ разæй фæцис. Мæ цæстытыл ауад æрзæткъахæн управленийы дирек- тор Петров. Куыд тынг мыл бацин кодта, дыууæ къуы- рийы размæ йæм куысты фæдыл куы уыдтæн, уæд! Мæ гæххæтт æм куы радтон, уæд мын, рагон хæларау, ме уæхск æрхоста, мах дæ хуызæн лæппуты цырагъы рух- 62
сæй куы агурæм, зæгъгæ, мын бакодта. Уайтагъд парт- бюройы секретарь æмæ рудкомы сæрдармæ фæсидтис йæхимæ. Базонгæ ут нæ управленийы геологимæ, зæгъ- гæ, сын загъта. Уыдон мæ лæмбынæг æрфæрстытæ код- той. Загътон сын, къуырийы æмгъуыдмæ мæ мадимæ зындзынæн, зæгъгæ. Фидар ныфс мын бавæрдтой мæ сыздæхынмæ цæрæн бынатæй дæр. Æппæт уыдæттæ мысгæйæ, зæрдæ цины хъыдзы код- та, фæлæ та уайтагъд чысыл Наташæ хæкъуырццæй кæугæйæ мæ цæстытыл ауад æмæ та-иу уæд мæ цин- дзинады фитыл æрцæйхуыссыд. Афæдз ыл нæма цыдаид, афтæ амардис йæ фыд — мæ хистæр æфсымæр. Æз æй мæхиуыл афтæ сахуыр кодтон, æмæ-иу йæ мады цур дæр мæ фæстæ куыдта. Иннæ ахæм Биботы Габи. Чысылæй фæстæмæ иумæ схъомыл стæм, уый мæнæй иу кълас раздæр уыдис ахуыры. Зын радзурæн у, кæрæдзи куыд уарзтам, уый. Уæлдай тынгдæр та мах схæлар стæм, стырæй уый йæ ахуыр куынæ уал адарддæр кодта æмæ ус куы ’рхаста, уæд. Кæддæриддæр-иу сæрды кæнæ зымæгон каникул- ты горæтæй мæ сыздæхт Габийæн уыдис цины бæрæг- бон, æрхуыдта-иу не ’мгæртты сегасы дæр æмæ-иу уæд ды хъус зæронд Бибойы фыдæлты таурæгътæм. Æппæт уыдæттыл хъуыдыгæнгæйæ, мæ сæр афтæ ныдздзæгъæл, æмæ нæ сыхаг хъæутæ фæстейæ куыд баззадысты, уый нæ рахатыдтон. Суанг æрдæгвæндагмæ мах æнæсыбырттæй фæцыды- стæм, фæстагмæ уæддæр Леуан «но, Мишкæ», зæгъгæ,, бæхтæй кæуылдæр схъæр кæнгæйæ, фехæлд æгуыппæг- дзинал. — Цæуыл ма мæт кæныс, гыцци, ды пыр ирвæзт дæ дæ фыдæбæттæй. Æнкъард æз хъуамæ кæнии, — загъта Леуан зæрдæ æвæрыны охыл ианайæи. Фæлæ йын уы- мæй йæ зæрдæйы хъæдгоммæ кæй агайдта, уый нæ ха- тыд æвæлтæрд, сонт лæппу. Нана кæд ныры онг æрмæст æнкъардæп бадт, уæд иыр нæ цæссыгтæ æрызгъæлста, фæстейæ бадгæйæ, æз уый æрмæстдæр, пæ кæлмæрзæны гæбаз йæ цæстытæм кæй схаста, уымæй æрхатыдтои. — Кæугæ та цæуыл кæныс, напа, фыдгæпды тыххæй нæ искуыдæм куыиæ хæссынц миййаг. Дæ рангуырæн бæстæм цæрынмæ цæуæм, — пыфс ын æвæрдтоп æз. Æниу нанайы зæрдæйы рис æз хорз зыдтон. Цæрын- мæ кæй цæуæм, уый йæхæдæг дæр æнæхатгæ пæ уыд, 6Л
фæлæ йæм зын касти йе скæнгæ хæдзар, йæ бинонтæ, йæ хæстæджыты ныууадзын, æгас цыппор азы кæимæ фæ- цард, йæ цин, йæ хъыгæй хайджын цы хъæубæстæ уыдыс- ты, йæ зæрдæйы сагъæстæ-иу цы сылгоймæгтæн раргом кодта, уыдоныл йæ къух сисын. Революцийы фæуæлахизы фæстæ аз æрцыд нана чын- дзы. Ме ’фсымæр Уаккайы (мæ фыдæн ма, уый размæ цы ус амард, уымæй йын баззад) æртæ аздзыдæй æрый- йæфта. Мæ фыдæн нæ уыдис иæ хæдзар, нæ фос. Кæм- дæрты хъæдрæбынты мæ мадимæ чысыл зæххы гæппæл- тæ басаста, курæггаг галтæй сæ хæххытæ кодта, кæм-иу æххуырсты дæр акуыста. Мæ мад-иу æд авдæн ацыдис Хуссары хъæдрæбынмæ нартхор рувынмæ. Афтæ фæтухи кодта æгас дæс азæй фылдæр. Мæ мадæн уæлдай æнамонддзинад уый уыдис, æмæ йын афæдзæй фылдæр зæнæг иæ цардис. Æхсæз сывæл- лоны йын амардис цыппар мæйæ афæдздзыды кармæ. Æз æвдæм æмæ фæстаг уыдтæп мæ мадæн. Фæлæ, йæ хъысмæтæй йæ бон зонгæйæ, мæпæй дæр ницыуал ныфс æвæрдта. Мæйтæ афæдзы кармæ цас æввахс кодтой, уый- бæрц йæ зæрдæ тынгдæр рыстис. Нæ сыхæгты устытæ мæ мады уавæр хорз зыдтой æмæ йæ иу бон «æппæтзонæг» дæсны Къатъомæ арвыс- той. Къатъо хъуыддаг æнæбазонгæ кæм фæуыдаид: «Фæ- цу æмæ уæ хъæуы ссар, бирæ цот кæмæн рацыд æмæ цæры, ахæм сылгоймаджы. Алхасенты иу еуы къусæй дзуары бын уый хъæрæй зæгъæд, куыд дын дæ фырты æлхсСцы, цæмæй йæ амопдæй хайджыц уа, дæ амонд та йæм бар куыд иицы дара, саби уæддæр дæу уыдзæн»,— бацамыдта нын дæсны. Мæ мадæн ацы хъуыддаг цас зыибакæнæн уыд. Æцæг- дæр цæ хъæуы уыдис, йæ цыппар лæппуйы зæнæджы зæ- нæг фьщддæсы бæрцæй усгур лæппутæ æмæ чындздзон чызджыты опгкæмæн схъомыл сты, ахæм зæронд ус Хуы- гаты Досыри. Æмæ, дын, иу бон мæ мады хо мæн схъæбыс кодта, мæ мады ’фсымæр Лексо та, дæсны кæд уый тых- хæй ницы загъта, уæддæр дзуар цæмæй хуыздæр цæстæй ракæса, уый тыххæй иу уæрыкк йæ разæй ракодта, мæ мад æндæр кувипæгтимæ, Досырийæы та йæ еуы къус йæ дæларм, æфтæмæй мæ скодтой нæ хъæуы сæрмæ Ал- хасенты кувæндонмæ. Дæсны сын куыд бацамыдта, аф- тæ бакодтой. Мæ мад уым йæ «базайраг» ауæй кодта æм’эе фæстæмæ еуы къусимæ æрыздæхт нæхимæ. Æз дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ мадмæ уыдтæн, фæлæ 64
мæ мад «Досырийæн æй хъомыл кæнын», зæгъгæ, дзырд- та. Æппæт уыдæттæ мын Даро дзырдта, æстæм къласы ма куы ахуыр кодтон, уæд. «Æндæр ницы, фæлæ дзуар афтæ сыдылы ис, æмæ иу еуы къусæй лæппутæ æлхæнæн кæй нæй, уый дæр нал зоны?!»— мæстæй-иу мардта Даро мæ мады æмæ-иу мах не ’ппæт дæр худæгæй мардыстæм. «Мæнæн мæ лæппу æнæнизæй схъомыл ис æмæ сымах цыфæнды дæр дзурут, къæбæдатæ»,—немæ «быцæуы»-иу уæлахизы бынаты баззадис мæ мад. Æз æцæгдæр Хуыгианы амоидæй «фæхайджын» дæн, удæгæстимæ баззадтæн. Мæ мады дæр ма æндæр цы хъуыдис. Уалынмæ колхозмæ дæр бацыдыстæм. Мæ фыд чысыл йæ астæу сраст кодта, даргъ ауæдзы иыссагъта гутон æмæ «дæлалæй» зарджытæ райдыдта. Уайтагъд хæдзар дæр сарæзтам. Фæлæ бæллæх... Трагикоп æгъ- дауæй фæмард мæ фыд. Æз ма йæ æрмæст фынфенæгау хъуыды кæнын. Ме ’фсымæры йæ ахуыр ныууадзын ба- хъуыд. Уалыпмæ ус дæр æрхаста. Хæдзары фæд-фæдыл скуыдтой сабитæ. Фыдыбæстæйы хæст... Фæцыдис ме ’фсымæр дæр фронтмæ, фæлæ дзы æрцыд нал уыд. Мæ мад та ногæй сидзæрты хицау бацис. Уыйбæрц йæ бон ницыуал уыдис, æнæуи дæр мæллæг хаста, уый хыгъд нæ чындз уæйыг уыдис, цопгдыхæй кусынмæ ныл ничи тых кодта, галтæ-иу аифтыгъта уæрдоны æмæ-иу «Цæ- рæнуæтты» уырдыджы иунæгæй сугтæ æрласта. Наиайæн пыр, чизопы, æппæт уыдæттæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты. Зын мын уыд йе ’рхæпдæгдзипадмæ кæ- сын æмæ йын йæ сагъæс фæсурыпы тыххæй райдыдтон зæрдæтæ æвæрын: — Нана, маст кæныны сæр дзы ницæмæп хъæуы, тæк- кæ сом нæ фыдæлты хæхты уыдзыстæм, дæ райгуырæн хъæу дæр дын фенын кæндзыыæн. Фыдæбонæн дын фаг у. Зæры бопты та дзы зæрдæвæндонæй рацæрып дæр хъæуы. Кæд уым мемæ фæлмæцай, уæд та фæстæмæ æрыздæхын дæр зын иæу, мæиæ-иу нæм Леукъа дæр æр- цæудзæпис (афтæ хуыдтой Леуапы). — Ды нырма ницы ’мбарыс, афтæ æпхъæл дæ, дыууæ къæдз дамгъæйы базыдтай, æмæ дзы уыдоныл хъуыды кæнын йеттæмæ æидæр пицы вæййы! Куыд æнцон дæм кæсы хи къуым, хи уæзæгыл къух сисын, цæттæ бинонтæ ныууадзын! — уынгæг зæрдæйæ йæ ныхас дарддæр код- та паиа æмæ Леуаны ’рдæм фæкаст. — Ацы сывæллæтты кæд сæ мад ныййардта, уæддæр сыл фыдæбон мæхæдæг 5. Нартыхты М. 65
фылдæр фæкодтон. Сæ авдæныл-иу сын æхсæв сæ мады ДУр дæр нæ хъæцыдтæн. Тарстæн-иу, зæгъын, чындз мий- йаг тарф фынæй куы бауа æмæ сывæллон куы фæкæуа. Æмæ ма уый дæр афтæ фод, фæлæ дæумæ бинонты кой нырæй фæстæмæ дæр куынæ уа, уæд афтæмæй кæдмæ цæрынвæнд кæныс? Цас дын фæдзырдтон: уæртæ Тан- делоны чызг, кæм фендæуыд, ахæм хæдзарвæндаджы чызг, бинонтыл хæцгæ, къухыл тухгæ, ахуырдзинад дæр æм йæ фаг ис. Æцæг, индзылер нæу, фæлæ йын «сашуа- лотæ» фæуд сты. Иæ цæсгом та — хуртæ æмæ мæйтæ. Хорз, уый дæр дæхи ’мсæр ма уæд, фæлæ фондз азы кæм фæахуыр кодтай, уым иу дæ аккаг ничи разынд? Уæртæ ма Герасмæ бакæс, йæ ахуыр фæцис æмæ йæхи æмсæр чызджы дæр æркодта йемæ, сæ дыууæ дæр иумæ кусынц ахуыргæнджытæй æмæ æнцад-æнцойæ сæхи хæдзары цæ- рынц. Нанайы ныхæстыл æнæхъуыдыгæнгæ нæ уыдис. Раст у, уый нæ хатыд, æнæуарзондзинад ус хæссæн кæй нæй, уый. Фæлæ нырæй фæстæмæ афтæмæй дæр нæй цæрæн. Нана бинонтыл ахуырæй æнæмæнгдæр тыхсдзæн иунæ- гæй, мæн та æдзух йæ фарсмæ бадынмæ кæм æвдæлдзæн. Æппæтимæ дзуры мады зæрдæ. Исты рæвдауæн, ныфсæ- вæрæн ныхас зæгъын ын хъуыдис, æмæ йын Ды загъ- таин, уый мæ сæр нæ ахста. Фæлæ мæ уайтагъд Леуан фервæзын кодта мæ зындзииадæй. — Ус æрхæссынмæ не ’вдæлд, гыцци, Мухтъары, æн- дæр хъуыддæгтæ йын уыдис кæнинаг. — Ацы хатт раст ныхас дæр загъта Леукъа. Мæ ахуы- рыл хъуыды кодтаин, æви ус хæссыныл. Ныр та мæ ахуырæй сæрибар дæи, стæй Ирыстоны чызджытæй фыл- дæр цы ис. Ахæм чыидз дын æрхæсдзынæн, нана, æмæ æнхъæл дæр пæ уыдзынæ, — хъазгæмхасæнæн загътон æз нанайæн. Леуан фæстæмæ ме ’рдæм фæкастис, цыма мын æмбарын кодта, кæсыс, дс ’вварс рахæцыдтæн, сраст дæ кодтон, зæгъгæ. Нæ зонын, пæ ныхæстæ паиайы бауырпыдтой æви нæ, фæлæ дзургæ ницыуал скодта. Леуан йæ бæхтыл фæ- гъай кодта æмæ сæ лыстæг схсæй æрцъыччытæ ласта. Бричкæ фæззыгои рыгфæндагыл куы узгæ цыдис, куы та-иу лыстæг дурджыны дæр уайтагъд йæ гыбар-гыбур райхъуыст æмæ, хуыссæнты тыхтопыл бадгæйæ, мæн дыууæрдæм æппæрста. Леуаны æфсæивæндаджы станцæйæ фæстæмæ здæхын кæй хъуыд, уый хатыд, æвæццæгæп, æмæ бæхты тагъд. 66
кодта. Мах æввахсдæры охыл сосæйыл нæ, фæлæ цыбыр фæндагыл цыдыстæм. Æрдæгвæндаджы бæрц Алазаны былгæрæтты фæцыдыстæм. Иæ хъæуы цур, къуыс-къуыс- гæнгæ, дурты сæрты схъиугæ чи тахт, уыцы æрра фурд ам уыд сабыр, фæлмæст бæлццонау зивæггæнгæ цыдис. Фæссихæртты æрхæццæ стæм æфсæнвæндаджы стан- цæмæ. Махæн нæ поезд изæры дæс сахатыл хъуамæ араст уыдаид. Фæлæ Леуаны фæстæмæ здæхыны агъоммæ бæх- ты искуы рахизын хъуыдис, гъе уымæ гæсгæ тагъд код- та. Станцæйы кæрдзын дæр нал бахордтам иумæ, афтæ- мæй раздæхт фæстæмæ. * * * Поезд фæсаходæнты бахæццæ Ирыстонмæ. Станцæйы раз, аргъæутты кæфхъуындарау, адаргъ æмæ фæстагмæ æрæнцад йæ уынæргъынæй. Станцæйы фæзуаты адæм æмызмæлд кодтой. Хæссинæгтæ нæм бирæ кæй уыд, уымæ гæсгæ мæ ны- сангонд бынатмæ уæзласæн машинæйыл ацæуын уыд мæ зæрды. Фæлæ ахæм машинæйыл куынæ фембæлдаиккам, уымæй тас уыд. Автобусыл та нæ хæссинæгтæн бынат куынæ уыдаид, уымæй тарстæн. Кæд мæ ныфс нæ уыд, уæддæр таксийыл автостанцæмæ нылластам нæ хæс- синæгтæ. Автобусы шофыр — иу гомхъуыр, бæгъæмсар лæппуйæн бамбарын кодтон, хæссинæгтæ нæм бирæ кæй ис, уый æмæ дзы домдтон, цæмæй пæ исты амалæй алас- таид хохмæ — æрзæткъахæн управленимæ. — Хæссинæгты тыххæй уын нæ фæзивæг кæндзынæн, кæй фæстейæ уаргъæвæрæны нывæриккам, кæй та дзы уæ къухты дæр сисиккат, фæлæ бадæн билеттæ иууылдæр уæй сты æмæ ардыгæй уырдæм къахыл куыд фæлæу- дзыстут, — аудæг хъæлæсæй нын дзуапп радта шофыр. Мæн не сфæндыд, æнæхъæн æвдай километры чи у, уыцы даргъ фæндагыл лæугæйæ цæуын, уæлдайдæр та нанайæн лæууын йæ бон куынæ бауыдащи уымæй тарс- тæн. Фæлæ мæ нана йæхæдæг нал ныууагъта: — Уый мын цытæ дзурыс, Мухтъар! Еныр зæрдæвæн- дон миты рæстæг у?! Иу бонваг куыд нæ суыдзынæн!.. Уадз, æмæ бынатыл рæстæгыл сæмбæлæм. Гуыффæйы нын хуыздæр нæ уыдзæн, стæй арв асæды, æмæ куы скъæвда кæна, уæд нæ хæссинæгтæ фесæфдзысты. Нанайы фæндоныл æнæсразы нæ уыд. Бирæ ракæ- 67
бакæ нлл фæкодтам: иу чемодан æмæ дыууæ рог хызын- басты немæ схастам, иннæ хæссинæгтæ, шофыр куыд загъта, афтæ уаргъæвæрæны нывæрдтам. Нанайы фæс- тейау чемоданы тигъыл сбадын кодтон, мæхæдæг йæ ра- зы лæууыдтæн. Шофыр машинæ скусын кодта, æмæ иу- тæр йæ бынатæй куы феггуырст, уæд дуар йæхигъæдæй мæсты гуыпп ныккодта, шофыр æй фидар æрæхгæдта •æмæ йæ нуарджын къухтæй руль æрыздыхтытæ кодта. Машинæ цалдæр минуты фæстæ знæт фурды былтыл уæлæмæ митæмбæрзт хæхты ’рдæм æдæрсгæ згъордта. Цалдæр фæлтæр телæндахы кæуыл схалчындæуыд, уы- цы рæхснæг, сау ахуырст хъæдтæ кæрæдзи фæдыл фæс- тæмæ згъордтой. Куыдуæлæмæ фæндаг цыд къæдз-мæдзытæй, асфальт ранæй-ран — згъæлд. Æз, фæлтæрд экскурсоводау, на- найæн амыдтон хъæутæ, хæхтæ. Уый-иу йæ сæр куы ра- зыйы тылд бакодта, куы та-иу мæ æргомæй афарста, уыцы æмæ уыцы хъæу кæм ис, зæгъгæ. Æз дæр, куыд зыдтон, афтæ дзуапп лæвæрдтои йæ фарстытæн. Гуырыс- яо кæуыл кодтон, уыцы хъуыддагæй та иу ме ’мбæлццæт- ’ты афарстон. Уыдон дæр, мах ацы хæхты уазджытæ ’стæм, уый куы базыдтой, уæд дзуапп дæттынмæ кæрæ- дзийæн разыбар нæ лæвæрдтой. Фарстой нын нæхи дæр, кæцон стут æмæ кæдæм цæут, зæгъгæ. Æз дæр сын сæ- хиау æргомзæрдæйæ дзуапп лæвæрдтон сæ фарстытæн, æрмæст цы дæсныйады лæг дæн, уый схъæр кæнын мæм куыддæр аив нæ фæкаст. Машинæ иу-цасдæр хæрды фæцыд. Стонг бирæгъау йæ тых йæ бонæй ниудта матор. Цас фæндаг къæдзмæ- дзытæ цыд, уыйас шофыры къухты руль тынгдæр разил- базил кодта дыууæрдæм. — Уæлæ уым дæ райгуырæн хъæу Хъолоджын, ардæм рæстмæ нæ зыны, — йæ хъусы дзурæгау бакодтон æз ианайæн, иугæр машинæ фæздæр бынатмæ куы сирвæзт ■æмæ йæ ниудæй куы фенцад, уæд. Нана уайтагъд фестъæлфæгау кодта, йæ къуырф цæс- тытæ цинæрттывд фæкодтой æмæ мæ цæстæй чердæм ацамыдтон, уырдæм джихауæй каст. — Уæлæ хох лæбырд кæм æрхаста, уый сæрмæ дæр- гъæццон уыгæрдæнтæ куы ис, наз хъæды æхсæнты,— амыдтон æз панайæн. — Æмæ уыцы лæбырд хох ардæм зыны? — ногæй та ™æ афарста нана, æмæ æз æрмæстдæр уæд æрхатыдтон, тнанайæн ахæм дæрддзæгмæ исты фенын йæ бон кæй нæ 168
бауыдаид. Цæстæй тынг фæцухис. Цалынмæ адæймаджы размæ хæрз æввахс бацыдаид, уалынмæ йæ не ’взæрста,. æз та йын йæ рыст ницæмæ дардтон æмæ йæ километрьг æддæдæр хæхтæ æмæ хъæдтæм кæсын кодтон. Исчи-иу йæ цуры дардмæ куы кастис—рагъыл фосмæ, фиййау- мæ, йе та арвыл хæдтæхæгмæ, уæд-иу нырхæндæг, арф хъуыдыты-иу ацыд æмæ-иу хатт йæ цæссыгтæ дæр æрыз- гъæлдта. Нанайы зæрдæйæн фæриссынæй тæрсгæйæ, уайтагъд мæ ныхас æндæрæрдæм аздæхтон: — Æз дып, чердыгæй ис, уый амонын, æпдæра дзьг ардæм цы зыны, тынг бæрзонд у. Нæ зоиын, нанайы бауырныдтой мæ ныхæстæ æви нæ, фæлæ йын чердæм амыдтон, уырдыгæй цасдæр рæстæ- джы йæ цæстæнгас нал æмæ нал иста. Сосæ фæндаджы алывæрсты ныл арæхдæр æмбæлын’ райдыдтой чысыл хæххон хъæутæ. Иу хъæуы астæу ав- тобус æрлæууыд æмæ раззаг бадæнæй иу бæлццон æр- хызт. Мæ мадæн ныр дзæбæх æрбадыны фадат фæцис. Фæстаг бадæныл дыууæ сæрибар бынат ауынгæйæ æз дæр мæхи уыцырдæм байстон. Къахыл лæууыпæй бафæл- мæцыдтæп æмæ цыма ме рагъæй стыр уаргъ аппæрстон, афтæ фæдæн фæлмæн бадæныл мæхи æруадзгæйæ. Автобус ног сгуыр-гуыр кодта. Чысыл йæ быпатæй куыддæр аггуырст, афтæ йæ рæзты дыууæ æрыгоп чыз- джы æрбатындзыдтой. Шофыр æваст машинæ фæурæд- та æмæ чызджытæ худгæ схызтысты. Мæ фарсмæ иу быпат йеттæмæ кæй нæ уыд, уый зопгæйæ чызджытæ* кæрæдзимæ хатыдысты. — Сбад, Разиат, дæ хорзæхæп!..— æхцон мидбыл- худт кæнгæйæ хъазæнæмхасæнæй дзырдта йе ’мбалæн асæй рæхснæг, æрыгои чызг æмæ пын цæстæй афтид бы- натмæ амыдта. — Дæ разæй хуыцау бахнзæд, — бадыны бæсты пын дзуапп радта, Разиат кæй схуыдта, уыцы .цъæхдзаст, асæй бæрæг иыллæгдæр чызг æмæ йе ’мбалы мæ фарсмæ æрбадын кодта. Хæххон сæрибар хъуазтæ... Се ’взонг зæрдæтæ хъа- зын æмæ худын домынц, — хъуыды кодтоп мæхи мидæг æмæ мæ разы лæугæйæ чи баззад, уыцы æрыгон чызджы хæрзкопд уæнгтыл аивæй мæ цæст æрхастон. Тæнæг сæр- Дыгон къабайы уæлдай сæрзилæнгæпæг уыдысты йæ къуыбыр риутæ. Машииæ йæ дыууæрдæм æппарæгау кодта, æмæ-иу уæд йæ мыдгъуыз дзыккутæй куы иу, куы 6$
Та иннæ æхсæрфарсыл цалдæр бындзыджы куы ’рхауд, уæд-иу сæ йæ чысыл уæздан къухæй хъусты сæрмæ сæп- пæрста. Æз мæхиуыл æрхудтæн: ныры онг дæр ын мæ бадæн куыд нæ радтон, зæгъын. Уайтагъд мæ бадæнæй фестад- тæн. — Де ’мбалы фарсмæ сбад, хорз чызг, ды дæр,— ба- хатыдтæн æм. Чызг исдуг нæ разы кодта, стæй æрбадти йе ’мбалы фарсмæ. — Батыхсын дæ кодтам, фæлæ нын ныххатыр кæн, чизоны дын дæ лæггад мах дæр истæмæй бафидæм,— хинæйдзаг мидбылхудт бакæнгæйæ мын загъта Разиаты æмбал. — Сылгоймагæн лæггад хъæуы, уæлдайдæр сымах хуызæн дзæбæх чызджытæн, — дзуапп радтон æз дæр йæ хъæлдзæг зæрдæйы уаг хатгæйæ. Цары ’рдыгæй æнцойгæнæныл хæцыдтæн мæ рахиз къухæй æмæ куы арф кæмттыл куы та мæ разы бадæг æрыгон чызджытыл хастон мæ цæст. Ныртæккæ кæимæ ныхас кодтон, уыцы чызг рæстæ- гæй-рæстæгмæ йе ’мбалы хъусы цыдæр сусу-бусу кодта. Æз-иу рудзынгæй æддæмæ куы кастæн, уыцы рæстæджы- иу уый та ме ’рдæм кæй æрбакаст, уый æз аивæй хатыд- тон. Куы та-иу цæуылдæр сусæг чыр-чыр кодта. Нæ фарс- мæ зæронд лæгтæ кæй бадт, уымæ гæсгæ мæм семæ уæл- дай хъазæн ныхæстæ кæнын куыддæр аив нæ каст. Сæ хъæлдзæгдзинад, сæ хурдзыд цæсгæмтты бакаст мын цыдæр æхцондзинад лæвæрдта. Сæ иуæй се ’ннæ рæ- сугъддæр. Разиат мæм уæлдай æгъдауджындæр фæкаст. Фæлæ йе ’мбал, йæ ном дæр кæмæн нæма зыдтон, уый цыдæр æгæр къæйных зынд, йæ цæстытæ алырдæм ивæз- тытæ кодтой. Æниу, æппæт йе змæлд, йæ архайд, йæ дзыхы дзырд иттæг хорз фидыдта йæ даргъдзæсгомыл. Афтæ мæм фæкаст, цыма чызг архайдта, цæмæй йæ рæ- сугъддзинад, йе ’взонг зæрдæйы циндзинад æмбæлццæт- тæй æнæрахатгæ макæмæн баззадаид. Нæ, уымæй къæй- ных зæгъын, æвæццæгæн, тæригъæд уаид, æппæт йе ’гъдау, йæ уаг сонт зæрдæйы циндзинад æмæ æнæмæт- дзинады нысан у. Хæрды бирæ фæцæуыны фæстæ машинæ уалынмæ ауырдыг кодта, йæ цыд фæтагъддæр кодта æмæ бæлц- цæтты тынгдæр æнкъуыста. Худынæмхиц чызг уалынмæ йæ бадæнæй сыстад. 70
— Ныр та ды сбад, науæд мах тыххæй æгæр фыдæ- боп кæныс,— бахатыд мæм. Ницы мын у лæугæйæ дæр, ницæй тыххæй сбаддзы- нæн, зæгъын, фæлæ мæ нал ныууагъта. — Ау, ахæм рæсугъд чызджы фарсмæ дæ кæй бадын кæпын, ууыл цин дæр нæ кæныс! — йæ цæстытæ Разиат- мæ хинæйдзаг ныкъуылд фæкодта, иугæр куы æрбадтæн, уæд. Ацы пыхæстæ афтæ æнæнхъæлæджы уыдысты æмæ Разиат куыддæр фæкъæмдзæстыг. Цыма йе ’мбалы ны- хæстæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, уыйау бынтон серьезон хуыз æвдисгæйæ, комы ’рдæм рæхснæг наз бæлæстæм кæсыныл фæци. Раст зæгъгæйæ, мæхæдæр дæр фефсæр- мы дæн. — Уæдæ иу ран фидауæм, нæ?—хинæйдзаг фарст акодтон, мæнæн йæ бандон чи радта, уыцы æмбæлццоны. Мæхи ныхæстæй куыддæр мæхæдæг дæр фефсæрмы дæн. Æгæр къæйных ныхас мын кæй рауад, уый хатыдтæн, фæлæ хъазæн ныхасмондаг чызджы дзырдмæ дзырд æнæссаргæ дæр нæ уыд аив. — Иттæг хорз, худинаг дæр уыдзæн, чи ма уæ фæ- хицæн кæна, уымæн, — бынтон æвæлмон хъæлæсæй мын дзуапп радта ме ’мбæлццон. Иу хъæуы цур автобус æрлæууыд. Нæ цуры бадджы- тæ хизынмæ сæхи барæвдз кодтой. — Ам хизинаг куы уыдтæ, Хани!—загъта Разиат •йе ’мбалæн. — Хизын мæ кæй хъæуы, уый мæ быны рох куы фæ- цис,— загъта мæ разы лæууæг чызг, йæ хызын раца- гуырдта æмæ хизынмæ фæцис. — Изæры дæ ’абæрæг кæндзынæн, —’автобус куы анкъуыст, уæд ма йе ’мбалмæ æрбадзырдта æмæ нын йæ къухы æнгуылдзтæ тилгæйæ хæрзбон загъта. Баззадыстæм æппæты фæстаг бадæныл æз æмæ Раз- иат иунæгæй. Фæндаджы асфальт кæмдæрты уыд згъæлд, æнæуи дæр ыл адæмæй бирæ ничиуал уыд æмæ нæ рог машинæ тынгдæр æнкъуыста. Иу цæхгæр фæзилæны Разиат мæ хъæбысмæ æрбахауæгау кодта. Æз æм цæр- дæг фæлæууыдтæн æмæ йæ ацахстон. Иæ гом цонгыл мæ буар аныдзæвгæйæ мæ зæрдæ йæхи мидæг æхцон хъы- дзы бакодта. Чызг йæхæдæг дæр исдуг куыддæр феф- сæрм, стæй йæ мидбылты æхцон худт фæкодта. Цыдæр зæрдæмæдзæугæ уыд йæ тæнæг былты ’хсæнæй йæ урс- урсид дæндæгты ферттывд. 71
Машинæ арæхæй-арæхдæр разил-базил кодта цæх- гæр фæзилæнты. Раззаг рæнхъытыл æцæг сæрибар бынæттæ бирæ уыд, фæлæ Разиат размæ ахизыны тыххæй æппындæр ницы хъуыды кодта. Мæн та йæ цурæй растын ма ба- хъуыдаид, уый йеттæмæ æппæтыл дæр разы уыдтæн. Бынтон æрыгон, бынтон рæуæууæнк мæм каст ме ’мбæлццон чызг. Иемæ ныхаскæнын мæ фæндыд, фæлæ цæуыл дзырдтаин, цæмæй райдыдтаин, уый нæ зыдтон. Дзурыы æмæ хъазæн ныхæстæн мын кæд йе ’мбæлццон чызг раздæр радта фадат, уæддæр мæ цæмæндæр нæ фæндыд йемæ хъазын æмæ тезгъогæнæн ныхæстæ. — Де ’мбалы фæстæ бынтои куы нынкъард дæ, чызг,— суæндыдтæн æм æрæджиау. — Ахæм у мæ характер, — цыбыр дзуапп мын радта. Цыдæр æнæввæрсон мæм фæкаст, чизоны æцæг йе ’мбал кæй ахызт, уый тыххæй фенкъарддæр. Иæ хæрзконд уæнгты рæсугъддзинад мæ æдзух йæхимæ æлвæста, йæ фидыцджын цæсгоммæ кæсынæн æфсон цæмæй ссард- таин, уый тыххæй та йæ афарстон: — Дард цæуыс, миййаг? — Дард нæ машинæ йæхæдæг дæр нæ цæуы æмæ ма уымæй дарддæр æз дæр кæдæм фæцæудзынæн! — ме ’нæрхъуыды фарсты ницæйагдзинад мыи быптон æдыхстæй сæргом кодта. Автобус шахтерты поселокæй дарддæр кæй никуыдæм цыд, уый бæрæг уыд, поселок та нæм зынгæ дæр кодта. — Дæ пом дын базыдтон, фæлæ кæмæй дæ, кæнæ кæцон дæ, уый дæр ма мын куы загътаис, — йæ дзуаппы цыргъдзинад ницæмæ даргæйæ та йæ уæддæр афарстон. — Мæ ном кæй базыдтай, уый уал фаг у, дуне иу бон не сырæзт, — цæхгæр дзуапп та мын радта быптон æпæ- ахъуыдыйæ. Æз лæмбынæг ахъуыды кодтон мæ фарстыты æнæ- аивдзинадыл. Æцæгдæр мæм быитон æнæсæрфат фæкас- тысты мæ фарстытæ. Æнæзонгæ чызг бынтон æгъдау- джынæй дары йæхи мæ цуры, æнæзонгæ адæймагмæ дзурынæй йæхи хизы, æз та йын мæ цымыдисдзинадæй æнцой нал дæттын. Машинæ шахтерты поселочы куыд бамидæг, уый æз æппындæр нæ рахатыдтон. Шофыр дуар байгом кодта æмæ ма дзы адæмæй чи уыд, уыдон иугæйттæй райдыд- той æддæмæ хизын. Разиат дæр бадæны быпæй иу чысыл чемодап сласта æмæ хизынмæ фæцис. 72
— Фенынмæ! — фæстаг салам ныхасæй ма мын мæ зæрдæ балхæдта æмæ машинæ чердыгæй æрбацыд, уы- цырдæм фæцæуæг фæстæмæ. Уайтагъд æмраст уынджы цæхгæр галиуырдæм фæзылд æмæ æз нал ауыдтон, Иры хæхты фыццаг хатт мæ удæнцой кæй тыххæй фехæлд, уыцы гуырвидыцы. Афтæ мæм фæкаст, цыма зæрдæйæ цыдæр хай ахас- та йемæ. Æрхæццæ стæм нæ бынатмæ, æппæт нæ дзау- мæттæ нæ разы уыдысты, фæлае уæддæр мæнæн цыдæр нал фаг кодта. КÆМ ДÆ ЛГУРОИ — Мæнæ уыцы хахмæ кæсыс, уый бындурон штрек у, уый иу кæны æппæт фадгуытæ. Ардыгæй клетыл уæ- лæмæ исынц æрзæт æмæ йæ электровозыл ласынц æд- дæмæ. Мæнæ ацы фадгуыты æрзæт бындуронæй бæрæг- гонд у æмæ æйттæй цæуынц сгарæн куыстытæ. Мæнæ ацы ран, куыд бæрæг кæны, афтæмæй къæдзæхы лыггаг тыпг зæрдæхсайгæ у. Нырма уал дæ ацы фадыджы бахъæу- дзæн кусын. Ратдзыстæм дын кусджытæ, ис нæм, йе сква- жин хохы мидæг æртæсæдæ метры æрфæнмæ кæмæн цæуы, ахæм бырæузил станок, — амыдта мын, шахтæйы арæзтады схемæмæ кæсгæйæ, сæйраг инженер Виктор Бондарев æмæ ма йæ ныхæстæм бафтыдта: ■— Цы дын æй æмбæхсон, райдианы дын фæзын уыдзæн кусын, фæ- лæ тæрсын нæ хъæуы, теори хорз куы зонай, уæд дыи дæ зонынадыл практикæ йæхæдæг садздзæн базыртæ. Цы дардыл дын дзурон, хъуыддаг йæхæдæг йæхи амондзæн. Фадыджы хисдæр ипжепер Герсанимæ дæхи сбæтт æмæ райсом райдай кусын. Абон уал баулæф, нырма знон фæндагыл цыдтæ. Æнæуи дæ кæд фæнды, уæд уал лæп- путимæ базонгæ у. Уалынджы дуар æрбайгом æмæ мидæмæ æрбахызт асæй ныллæг, фæлæ фидæрттæ конд сырхцъар лæппу- лæг æмæ нын салам радта. — Æгас цæуай кæддæриддæр, Герсан, мах ма дæ кой кодтам, — æваст йæ сæрыл хæрдмæ схæцгæйæ, сдзырдта Бондарев, — зонгæ уыдзыстут иæ ног инженерпмæ, — æмæ йын ме ’рдæм ацамыдта. Герсан мын мæ къух зæрдиаг æлхъывд ныккодта: — Стыр æхсызгон мын у дæ базынд. Райсом раджы хæххон цехы Хæсанæ уыдис æмæ мын уый дзырдта де 73
’рцыды хабар. Герсан иу уысм цæуылдæр ахъуыды код- та. — Дæу абоы фæнды, райдайай кусын? — афарста мæ æрæджиау. — Абон, абон, кæд гæнæн ис, уæд. Тынг цымыдис кæнып мæ ног куыст базонынмæ. Герсанимæ ныхасгæнгæйæ, фæрсæй-фæрстæм цыдыс- тæм хæххон цехы ’рдэем хæрды. Уый мын дзырдта шахт- ты арæзтады хъуыддагыл, се ’нтыстытыл. — Нæ дæсныйадæй зындæр æмæ вазыгджындæр, æвæццæгæн, никуы уыдзæн. Фæлæ дæм ахуырад æмæ фæндондзинад куы уа, уæд уымæй кадджындæр æмæ зæрдæскъæфдæр никæцы дæсныйад у, — дзырдта мын Герсан æмæ æз йемæ разы уыдтæн. Æнæмæнгдæр сæйраджы хъуыддаг зонын хъæуы æмæ ма дзы хъуыддаджы æнæкæрон уарзондзинад куы уа, уæд цыфæнды дæсныйады дæр цæлхдуртæй тæрсын нæ хъæуы. Иу-цасдæр куыддæр æнæдзургæйæ фæцыдыстæм хæр- ды. Ме уæнгтæ куыддæр уæззау уыдысты, æвæццæгæн, æхсæв бынтон æгъуыссæг кæй уыдтæн, уый тыххæй. Алы- гъуызон хъуыдытæ хуыссæг æмгæрон не ’руагътой. Æфсæрм, стыр æфсæрм ис царды. Ууыл, студент ма куы уыдтæн, уæд никуы ахъуыды кодтон. Ацы хъуыды тлæм æрмæстдæр дысон сæвзæрд, партбюройы секретарь Хæсанæ мæ райдзаст уатмæ куы бакодта, уæд. Ныр дæр мæ хъусты зæлыдысты йæ ныхæстæ: «Дыууæ хатæны дын нырма фаг у мæнмæ гæсгæ. Стæй ,ус куы ’рхæссай, сабитæ куы сбирæ уой, уæд та фендзыстæм. Мæнæ ацы чысыл уаты та-иу хæринæгтæ араздзыстут æмæ-иу мæн- мæ дæр фæдзурдзыстут», — хъазгæмхасæнты дзырдта Хæсанæ, нæ разæй цæугæйæ. Мæ зæрдыл æрбалæууыдысты, хæрзæрæджы ма сту- дент куы уыдтæн, уыцы æнæмæт бонтæ. Иунæг ахуыры мæтæй дарддæр зæрдæ ницæимæ дзырдта. Ныр та? Хи- цауадæн, адæмæн уæлдайджынтæй фидинаг сты сæ хæрз- тæ. Æмæ уый фаг хъару ис мæнмæ? Мæ пыфс нæ хастон ног, стыр бæрнон куыстмæ, исдуг-иу зæрдæ куыддæр нырхæндæг, ныкъуырма. Фæлæ-иу мæм хатт афтæ каст, цыма уæлæ ныртæккæ мæ разы зынаргъ хæзнатæй йæ риу йедзаг кæмæн у, уыцы æгомыг хох мын мæ хъусы дзурæгау кæны! «Рацу мæнмæ, дызæрдыг мацæуыл кæн. Ам ис æцæг цард, лæгдзинад, ныфсхастдзинад кæй фи- дауын кæны, ахæм æхсидгæ цард. Æз кæддæриддæр де- 74
мæ уыдзынæн, дæ хъыджы ницæмæй бацæудзынæн. Æр- мæст мæм дæхæдæг былысчъилæй макуы ракæс, къуыр- ма, æнæмбудæгыл мæ макуы банымай». Æбæрæг цин, сагъæс, дызæрдыгдзинад мæ сæры магъзы иумæ схæццæ сты. Æваст мæ зæрдыл æрбалæууыд ме зноны æмбæлццон чызг. Хæхты рæсугъддзинад, хæхты æгъдау æмæ сæрыс- тырдзинадæй йæм ис хай. Уыдон хæзнатæ куыдфæндыйы митæй лæджы къухты не ’фтынц. Афтæ æнæарæхст, ницæйаг ныхæстæй хъавыдтæн æз дæр уыцы бæллиццаг чызджы зæрдæйы сусæгдзинæдтæ рахатынмæ. Хæхтæ æцæгдæр диссаг сты, зæрдæйы цыдæр æхцон сагъæстыл æфтауынц. Мæ хъуыдытæ мын нæ галиу фæрсты телын бæндæ- ныл дæлæмæ хъæздыггæнæн фабрикæйы ’рдæм хъинцъ- гæнгæ цæуæг згъæрæй йедзаг æфсæйнаг вагонеткæты уынæр фескъуыдта. Уыйхыгъд афтид вагонеткæ та хæлуарæгау хылдис уæлæмæ. Нæ сæрмæ цехы размæ, шахтæйæ раласгæ вагæтты хъæлæба хъус ахста. Герсанимæ уайтагъд схæццæ стæм хæххон цехмæ. Мах сæрмагонд дарæс куы скодтам, æмæ æфсæйнаг худ- тæ куы ныккодтам, уæд Герсан дыууæ фанары йæ къу- хы райста æмæ шахтæйы ’рдæм фæцæуæг стæм. Ме ’мбал иу чысыл рудзынджы раз æрлæууыд æмæ мидæмæ ба- кæстытæ кодта. — Разиат, нæ батарейтæ ма нын раив. Уайтагъд рудзынджы мидæгæй ферттывтой ме зноны æмбæлццон чызджы цæстытæ. ^Чызг, хъуыддаг бамбар- гæйæ, уайтагъд фæстæмæ фæзылд. Æз мæ бынаты сагъ- дау аззадтæи, мæ зæрдæ та æхсызгон хъыдзы бакодта. О, диссаг, мæнæ кæм разынд ме ’зноны хины маргъ. Ам, ацы хæхты искуы кæй уыдаид, уый мæ уырныдта, фæлæ йæм хъуыддаджы тыххæй афтæ тагъд бахаудаин, уый æнхъæл никуы уыдтæн. Ссардтон æй, — зæгъгæ, сæнт хъæр фæкæнынмæ мæ бирæ нал бахъуыд, фæлæ мæхи- уыл фæхæцыдтæн. Æз æнарæхст каст кодтон рудзынгæй мидæмæ, кæд мæм дзы ничи зынди, уæддæр. — Рухс аст сахаты фаг йеттæмæ нæ кæны, афтæ, æмæ шахтмæ цæугæйæ, аккумуляторы батарейтæ ногæй ивын фæхъæуы. — Чызг уайтагъддæр зæронд батарейтæ но- гæй раивта æмæ нæм сæ рудзынгæй ралæвæрдта. Герсан уый æрхатгæйæ, цыма йæ уынгæ дæр нæ кæны, уыйау йæ дзырд дарддæр кодта: — нæ талынг фæндаг та нын Ра- 75
зиат куынæ срухс кæна, уæд афтæмæй дард цæуæн нæй. Чызг, ацы ныхæстæ фехъусгæйæ, лæппумæ йæ мид- былты фæлмæн фæхудт. Æниу ын йæ фæхудт уый хъуы- ды дæр не ’ркодта. Фанартимæ арæхстгай архайдта. Фæлварынæн дыууæ дæр ссыгъта, æмæ сæ уайтагъд фæс- тæмæ ахуыссын, кодта. Ног та мыл базыртæ басагъта уыцы- фæхудт; æцæг мæпмæ нæ фæхудти, кæсгæ дæр мæм не ’рбакодта, фæ- лæ уый уадиссаг хъыгаг нæу. Æгайтма ам кусы. Герсан мæм фанартæй иу радта æмæ мæ разæй ра- хызт. Иæ фæстæ нарæг рельсыты æхсæнты хæццæ къах- дзæфтæй цыдтæн хохы талынг хуылфы ’рдæм. Иу ран, клетыл слæугæйæ, ноджы дæр «авд дæлдзæх» февзæр- дыстæм æмæ та къахæй мидæмæ æмæ мидæмæ цыдыс- тæм хохы арфмæ. Ранæй-рæтты айыæг къæдзæхæй дон фантанау рæмыгъта, нæ резинæ цырыхъхъытæй тъæпп- тъæпп гæнгæйæ дзы лæгæрстам. —Мæнæ уый та нæ фадыг,—ацамыдта мын ме ’мбæлц- цон, дыууæ спецовкæджыны бурæгæнæн машинæимæ кæм архайдтой, уыцырдæм. Уыдон технпктæ разындысты. Семæ æввахсмæ базонгæ дæн. Герсан мын лæмбынæг бамбарын кодта мæ куысты мидис. Иæ пыхæстæм гæсгæ ацы аз уыцы фадыджы бæс- тон хъуамæ фæуыдаиккой сгарæн куыстытæ, æмæ дзы ног азæй ног туннелтæ хъуамæ айгæрстаид перфоратор. Бурæгæнæн машинæ йæ уагыл нæ уыд, чысыл-иу акуыста æмæ та-иу уайтагъд ахуыссыд йæ матор. Тех- ииктимæ йæ райхæлдтам æмæ йæ бирæ фыдæбоны фæс- тæ тыхæй йæ къахыл слæууын кодтам, фæлæ рæстæгмæ: механизмы цалдæр хайы ихсыд уыдысты. Машинæ бæс- тон æцæсрæвдзгæнгæ мæ дарддæры куыст æнæбакъуы- лымпы кæй нæ фæуыдаид, уый хатыдтæн æмæ раивннаг хæйттæ мæхимæ фæнысан кодтои. Скважинæйæ райсгæ айпæджы къæрттытæй куыд бæрæг уыд, афтæмæй æнцон- вадат хъуамæ уыдаид згъæр райсыны хъуыддаг. Герсан мæиæй уайтагъд фæхицæн. Куыстимæ баст цы хъуыддæгтæ уыдысты, æппæт уыдæттыл дзæвгар фæ- дзырдтам ног æмкусджытимæ. Шахтæйæ фопдз сахатыл рацыдтæн. Ме ’фсæн худы ныхыл ауыгъд цырагъ мын мæ сæрыл размæ уæз кодта. Цырагъы рухс дæр цадæггай пымæг кодта æмæ уæд мæ цыд фæтагъддæр кодтоп. Куыддæр арвы рухсмæ рахызтæн, афтæ мæ зæрдыл Разиат æрбалæууыд. Иæ фенын мæ ’рфæндыд. Йæ ко- 76
йæ зæрдæ куыддæр æхцон хъыдзы бакодта. Абон мæм бæрæг рæсугъддæр фæкаст. Аскъуыддзаг кодтон Разиат- имæ ног фæныхæстæ кæнын. Æй, бастъæлай, цы чызг дæ! Нырма кусын нæ рай- Дыдтон, афтæмæй мын мæ сæр разилын кодта. Æвæц- цæгæи, æй бауарзтон. Æмæ ма искуы ахæм уарзондзи- над дæр вæййы?! Адæймаджы ма зон, чи у, кæцæй æр- цæугæ у, цы истори йын ис, афтæмæй йын йæ аууонæн дæр табу кæн. Раст зæгъгæйæ, чингуыты вæййы афтæ дæр, фæлæ уый, æвæццæгæн, æрымысгæ у. Нæ, Разиат. æрмæстдæр рæсугъд чызг кæй у, æнахуыр цæстытæ йын кæй ис, зæрдæ йæм уымæн хъыдзы кæны. О, фæлæ цы- мæ лæг кæй нæ уарза, уый йæм рæсугъд кæсдзæн?! Нæ, мæхи дзæгъæлы сайын, бахаудтæн къæппæджы, æндæр ницы. Уæддæр ын цы зæгъыи хъæуы? Мæ цуры куы ни- чн уаид фанар дæтгæйæ, уæд базонин, кæцон у, кæнæ кæмæй у. Уайтагъд рудзынджы раз балæууыдтæн, мидæмæ ба- кастæн. Дыууæ чызджы мидæгау бадтысты æмæ цыдæр ныхæстæ кодтой. Мæн ауынгæйæ, Разиат æваст рудзып- джы ’рдæм рауад. — Де ’зæр хорз, Разиат, — сфæрæзтон тых æмæ фыд- тæй. Мæ хъæлæсы уагæй мæхæдæг фефсæрмы дæн. Хæрз- æвзонг мæм фæкаст, бынтон рæуæууæнк. Æвæццæгæп, хиуа къæппæгæй куыд тæрсы, афтæ тæрсдзæн уарзоп- дзинадæй, — ахъуыды кодтои. Чызг мæм æдзынæгæй æрбакаст. Æвæццæгæн, хъуы- ды кодта, чи у, куы нæ йæ зоиын, уæд мæм мæ номæй чи дзуры, зæгъгæ. — Бузныг,—дзуапп мын радта уæздан хъæлæсæй, стæй мæ афарста: — Ды ам кусыс? — Ам кусын, абон райдыдтон. — Шахтер дæ? — О, шахтер. Нал мæ хъуыды кæныс, зноп иумæ куы рацыдыстæм автобусыл. Демæ базопгæ уыдаип, уый мæ фæндыд, фæлæ ды пикæуыл æввæрсыс, — цыдæр тыхст хуызæй дзырдтоп Разиатæн æмæ йæм мæ рухсгæнæп ба- лæвæрдтон. — Гъе, æмæ нырæй фæстæмæ зонгæ уыдзыстæм,— дзуапп мын радта чызг æмæ мæм йæ мидбыл фæхудт. Мæ зæрдæ куыддæр базмæлыд уыцы фæхудтæй. Зæх- хыл ахæм æрдхæрæн мидбылхудт не ’рцæудзæи. Ахæм диссаджы цæстытæ, æвæццæгæн, никуы уыдзæн. Уыцы 77
цæстытæ цæрæнбонты рæвдаугæ кæмæ кæсой, уыцы мид- былхудт йæ зæрдæ кæмæн тава дунейыл, йе, уый уыдзæн иунæг амондджын. Ие ’хцон мидбылхудт мæ куыддæр баразæнгард кодта дзурынмæ. — Хорз, уæдæ, зонгæ уыдзыстæм, фæлæ ма хъуыды кæныс, махæй знон де ’мбал куыд загъта, уый? — куыд- дæр æнæфæхъуыдыйæ йæ афарстон. — Кæцы æмбалы кой кæныс? — Знон автобусы кæимæ уыдтæ, сыхаг хъæуы куьг рахызт, æнхъæл дæн Хани йæ хуыдтай. — Æмæ цы загъта Хани? — джихæй мæ афарста чызг. Æз мæхимид фæтыхстæн. Уыцы чызджы ныхæстæ зæ- гьын ме ’взаг пæ арæхст. Æнæдзуапп ратгæ та мын уæв- гæй нал уыд. — Чи ма уæ фæхицæн кæна, уымæн худинаг дæр уы- дзæн, зæгъгæ, — тыхамæлттæй мæ бон бацис сдзурын. Мæ ныфсхастдзинадыл мæхæдæг дисæй мардтæн. Чызг цыма мæ ныхæстæ хъусгæ дæр иæ фæкодта, уыйау рухсгæнæны къопп райхæлдта æмæ цыдæр здых- та. Мæхицæй фефсæрмы дæн: бынтон саби куы у, цæуыл- ты йыц дзурыи, фондз æмæ ссæдз аздзыд лæг, цытæ хæс- сын мæ сæрмæ. Сæрхъæн митыл къух сисын хъæуы. Мæ иу къах фæстæмæ райстон, рацæйцæуынмæ хъавыдтæн, фæлæ та йæ цардæфсæст цæсгоммæ куы фæкомкоммæ дæн, уæд та мæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ та мæ мид- быпат æрлæууыдтæн. Уайтагъд спецдарæсы нæ уæлхъус æрбалæууыдис иу бæрзопд лæппу. Уый, чызджы ауынгæйæ, ивазгæ ауагъ- та йæ ныхас: — Ра-зпч-ка, мæ у-ды га-га!.. Чызджы цæхæр цæстытæ цииæрттывд фæкодтой. Йæ фапар ып айста æмæ йыл пог батарей кæнгæйæ лæппу- мæ йе ’рфгуыты бынты худæндзастæй фæкæс-фæкæс код- та. Лæппу, фанар раТсгæйæ, йæ къухы æпгуылдзтæ æр- батымбыл кодта, цъиргæ пъа сып ныккодта, стæй сæ чызджы цæсгомыл бацæгъдæгау кодта æмæ цæуыимæ фæци. Уыцы сцснæ уыигæйæ, мæ цæстытæ атарытæ сты> мæ хъустæ къуырма зæлланг ныккодтой. Æлгъыст фæу, гауыр сылгоймаг! Æз та сæрхъæн хъуЬдытæ кодтои, зæгъын, сонт чызг цы ’мбардзæн уар- зоидзииадæн, нæлгоймаджы æнкъарæнтæн. Мæ хъусты 78
зæлыдысты уыцы лæппуйы ныхæстæ «мæ уды гага». Нæ фæлæ йæм уæд чызг дæр куыд худт!.. Æгæрыстæмæй ма йæм ноджы исты зæгъынмæ къæппæввонгæй каст, йæ- цъæх цæстытæй йæ аныхъуырынмæ хъавыд. Чизоны уар- зæттæ сты. О, æвæццæгæн, уарзæттæ сты. Ахæм æвзонг чызджы зæрдæ æнæ уарзгæ ныры онг дæр кæм бафæрæзтаид. Мæнæн йæ иу фендæй мæ зæрдæ кæм бадон кодта, уым уытæппæт æвзонг лæппутæн зæрдæтæ нæй? Чи йæм фæ- лæууыдаид нырмæ? Фæлæ уæддæр уыцы лæппуйы цæс- тæнгас цыдæр гуырысхойаг у. Уарзаг лæппу искæй цур афтæ къæйных митæ никуы кæндзæн йæ уарзоны раз. Нæ, уыдон уарзæттæ ницы хуызы уыдзысты. Æрыгон къæбæда лæппу йæм нæ фæлæууыд æмæ йæм æнæхсæст æвзагæй сдзырдта, стæй «уды гага» зæгъын дæр цас æнæгьдау ныхас хъуамæ уа! Фæлæ уæд уæлдæфон пъа та цы нысан кодта?! Æмæ ма уыцы пъа уæддæр уæлдæ- фы уыд æмæ йæм дзы хæццæ ницы бацис, фæлæ йын уы- мæй размæ кæд æцæгæй дæр апъа кодта, уæд уый у æна- монддзинад. Нæ, уыцы чызг афтæ нæ бакæндзæн. Лæппу та хъазгæ кодта, рæсугъд чызгмæ æнæисты сдзургæ кæм фæлæудзæн æвзонг лæппу! Æцæг æм чызг дæр худ- тис, фæлæ, æвæццæгæн, йемæ хыл кæнын дæр аив ыæ уы- даид, — хъуыдытæ кодтон мæхи мидæг поселокмæ здæх- гæйæ æмæ цыма мæ цæстæй цы федтон, уыдонæй алцы дæр нывыл уыд, афтæ мæм каст фæстагмæ. * * * Шахты управленийы агъуысты раз мыл нæ хъæук- каг лæппу Иоскъа хæрхæмбæлд фæци. Астæуккаг ахуыр иумæ фестæм. Хорз сыхæгтæ уыдыстæм. мæнæй æрмæст дыууæ мæйы кæсдæр уыд. Бадгæ дæр иу партæйыл код- там. Уæдæй нырмæ пыр фондз азы ам шахты кусы. — Мухтъар! — мæ фенгæйæ, сæнтхъæр фæкодта лæп- пу æмæ мыл йæхи æрбаппæрста, кæрæдзийыл ныттыхс- тыстæм. — Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста, пæхицæп кæд æр- цыдтæ, дæ ахуыр фæдæ? — фарстытæ мыл кæрæдзи фæ- дыл афтæ ныккалдта, æмæ ма дзы дзуапп кæмæп рад- гаип, уымæн ницыуал зыдтоп. Иоскъанæн бæстонæй радзырдтоп мæ хабæрттæ. Загъ- топ ыи, мæ ахуыр кæй фæдæн æмæ нырæй фæстæмæ ам 79
кæй кусдзынæн. Иоскъайы цинæн кæрон нал уыд. Мæ хæдзар, дам, мын хъуамæ фенай, нал мæ ныууагъта, акодта мæ сæхимæ. Сæ фарсмæ магазинæй иу авг «Муку- зани» æмæ гæххæтты тыхт къалбас æрбахаста. Мæ фысым мæ фендæй схъæлдзæг. Ракуывта, цæмæй мьщ мæ ног куысты æнтыстытæ уа, цæмæй фæззæгмæ æнæбинонтæй мауал баззайон, уый тыххæй. — Ау, мæн ма ныры онг æфсон уыдис, фæлæ дæхæ- да?г пырмæ дæр цæмæ кастæ, уый диссаг нæу! Иугæр ус æрхæссыныл ныхас æрхауд, уæд мæ сæры сæвзæрд Иоскъайæп мæ бæллиццаг чызджы тыххæй ны- хас æрæфтауын. — Æз дæуæн зæгъон, рæсугъдтæ уæм нæй, абон мыи дзы хæххон цехы иу мæ уд фæхаста, — хъазыны хуызы дзырдтон æз, тыххудтгæнгæйæ. — Агъа! Разиатæй дзурыс? Бамбæрстон дæ, — исдуг джихæн алæууыны фæстæ, хъæрæй сдзырдта мæ фысым. — Ме сиахс бауай, уый дæ фæнды нæ? — Нæ дæ æмбарын, куыд де снахс? — джихæй йæ афарстон. — Цы ’мбарын дзы хъæуы, уый нæ хæрз дыккагхæ- дзæртты чызг у, мæ фыд фыццаг дунейон хæсты агъоммæ уыдон хъæуæй ралыгъд Къахстмæ. Иоскъайы ныхæстæм цыма ме рагъæй стыр уаргъ аппæрстон, афтæ фæдæн. Мæ фысымы фæрцы йемæ æн- цонæй кæй базонгæ уыдаин, ууыл гуырысхо нæ кодтон, фæлæ йып миййаг уарзон куы разыыдаид, уымæй тæрс- гæйæ, ма йæ истæмæй бафарстаин, уымæ мæ ныфс нал хастон. — Уæдæ мæ хæстæг дæ зæрдæмæ фæцыд зæгъыс? — æрæджиау мæ йæхæдæг афарста Иоскъа. — Разиаты ды дзæбæх зоныс? Ардæм уæм барджы- нæй цæуы миййаг? — цыма йæ фарстæн дзуапп радтып мæнмæ иæ хауд, уыйау æй мæхæдæг ног афарстон. — Дзæбæх зонын та цы хопыс, арæх нæм æрбацæуы. Йе ’фсымæрмæ вæййы, мæнæ кæм æрбацыдыстæм, уыцы уынджы кæрои цæрынц. Мæхæдæг дæр сæм кæддæрид- дæр барджыиы цыд бакæнып. — Иоскъа мын мæ цæс- тытæм дзæпгар фæкаст, æвæццæгæн. æй хъуыддагои æгъдауæй фæрсын, -æви нæ, уый базонын æй фæндыд. Фæлæ иугæр мæ цымыдисдзинады аххосаг базопын йæ бои куынæ бацис, уæд мæ афарста: — Афтæ бæстонтæ йæ цæмæн фæрсыс? Ма сæнамонд у, ма йæ бауарзай миййаг? 80
Мæ зæрдæйы ма цы иуæггай иыфсы зынджытæ тыбар- тыбур кодтой, уыдоныл мæ фысым уазал доны къус ба- калдта. Уарзон ыц кæй уыдаид, ууыл æз гуырысхо нал код- тон, æмæ ахæмы уарзып æцæгдæр æнамопддзинад у. Мæ къæбæр ма зыптæй иыниыхъуырдтон, ныхас нал сфæ- рæзтоп. Ме ’мбал уайтагъд æрхатыд, æз хъазгæ кæй нал кæ- нын, æмæ мæ ахастмæ уый дæр джихауæй касти. — Æргомæй мын зæгъ, Мухтъар, цæй мидæг ис хъуыддаг æмæ дын æппæт дæр радзурдзынæп, — зæр- диагæй мæм бахатыд мæ фысым. — Иоскъа, дæхæдæг æй зопыс, мах иумæ схъомыл стæм, чысьтлæн дып куы пицы æмбæхстоп, уæд дын ныр цы хъуамæ басусæг кæноп. Уыцы чызгимæ знон автобу- сыл иумæ æрбацыдыстæм, абоп дæр æн дыууæ хатты федтон æмæ мын мæ цард ад нал кæны. Ныр ма цы загъдæуа, уарзоп ыи кæй ис, уый мæхæдæг дæр базьтд- тон, фæлæ ма йыл уæддæр гуырысхо кодтон, — мæ зæр- дæйы хъæдгом раргом кодтоп мæ фысымæн. Иоскъа арф ныуулæфыд, мæ зæрдæйы рыстдзииад, æвæццæгæн, уымæ дæр бапдæвта æмæ мын ныллæг хъæ- лæсæй райдыдта: — Нæ зопын, дæуæн чи загъта, уарзоп ын ис, уый. Уымæц уарзоц æппындæр пæй... — Уый та куыд, ды бæлвырдæй зоныс, уарзоп ыи кæн пæй, уый? — æрхъæцмæ иал фæлæууыдтæп æмæ йып йæ иыхас фæлыг кодтои. Уарзон ып иæп, зæгъгæ, уæдæ ма <тпдæр цы тых хъуамæ æрлæууа мæ зæрдæпы æпкъарæнты раз! Цы ма у ахæм ныхдур, йæ уарзын æпамонддзипад цæмæ гæсгæ хъуамæ уа! Ома нæ мыл бдввæрса! Кæд ын мыййаг лæг уыд, ахицæп сты кæпæ идæдз у æмæ ахæмы бауарзып нымайы мæ фысым æна- монддзипадыл. — Зæгь-ма, зæгъ, уæдæ цæй мидæг нс хъуыддаг? — мæ боц пал уыд æнхъæлмæ кæсьтп. — Æз дзурын, фæлæ мæ дæхæдæг хъыгдарыс, —ба- уайдзæф мын кодта Иоскъа. — Хъусгæ кæп дарддæр. Ды цахæм уарзоны кой кæныс, ахæм ып пæп, фæлæ рæстæг- мæ уарзæттæ—бнрæ. Æнæуи йемæ куы пыхас кæпай, уæд — хæрззонд, хæрзæгъдау. Комыаргъ чызг уыдаид, фæлæ зæфцы фыдæй бабып. Йæ фыд æфсады фесæфт, йе ’фсымæр Датто бухгалтер-ревизор у. Фарон ам ба- зарады хаххыл кусын куы райдыдта, уæд æй йемæ æркодта æмæ йæ хæххон цехы батарейтæ кæнæджы 6. Нартыхты М. 81
куыстмæ айсын кодта. Датто йæхæдæг нырма иу мæйы размæ æрхаста бинонтæ. Лæппу-иу арæх хъæу- тæм дæр цыдис, чызг-иу иунæгæй баззад, æртæ боны иу суткæ цехы фæкусы. Нырма йыл æстдæс азы æххæст нæ цæуы æмæ, дæхæдæг зоныс, ахæм кары чызг æпцон фæ- сайæн у. Æмæ иу сайды чи фæуа, уый та зыц æртасæн у. Ахæм адæймаг у, уый нæ зыдта Даттойы ус Мæди- нэет. Æндæрæбоп ам мæнмæ æрбацыд æмæ цас фæ- куыдта. Чи ма, дам, æй хъуамæ ракура, афтæмæй, дам, æм кæдмæ кæсон. Мæхæдæг дæр ын иу хатт бауайдзæф кодтон, тынг æй бафхæрдтаин, уый бар нæ радтон мæ- хицæн, фæтæригъæд ын кодтои. Ахæм хъуыддаджы тых- хæй зын дзурæн у. Уымæн æмæ йæ азымджын кæнон, уын тыххæй мæм пицы бæлвырдгæпæи ис. Амæйразмæ- ты, дам, мыл æрцыди сайд æмæ, дам, ныр мæхи амарон! —хæкъуырццгæнгæ-иу куы ныккуыдта, уæд йæ тæригъæ- дæй мардтæн. Æцæг дзы фæстаг рæстæджы ницыуал рахатьтдтон, фæлæ хатт иуæй-иу лæппуйы дзырдсайæн ныхæстæм зæрдиагæй куы ныххуды, уæд æм мæ зæрдæ æнæфехсапгæ нæ фæвæййы. Чи зоны, æз фæстæзад адæй- маг дæн æмæ хъуыддаг раст не ’мбарын. Æцæг, уый хуызæц æвзонг æмæ хæрзконд чызгмæ лæппу æнæдзырд- æппаргæ нæ фæлæудзæн. Фæлæ чызг хъуамæ хата лæп- пуйы æппарæндзырды нысан. — Ууыл фæцис мæ фысым йæ ныхас. Æз бпрæ фæхъуыды кодтон уавæрыл. Хъуыдытæй мæ сæр зылд, зæгъын, чи зоны ма исты амалæй гæнæн ис мæ зæрдæйы фæндтæ сæххæст кæнынæн, фæлæ фæн- дæгтæ иууылдæр, йæ сæрты ахизæц кæмæн пæ уыд. ахæм сындзæмбондæй æхгæд разыпдысты. М1 ЩХЪУЫРДУХÆНТЫ Бонтæ бонты фæстæ цыдысты. Æз бæстон æрбынæт- тон дæн Ирыстоны хæхты хъæбысы. Алы ног цæрæг куьтд вæпйы, афтæ махмæ дæр хæдзары нины уадпссаг уыд: мæ фыццаг мыздæй хæдзары дзаумæттæ балхæд- там æмæ чысыл фæхæдзаргъуыз стæм. Нана фыццаг бонты æнкъард кодта, фæлæ уалынмæ сыхæгтимæ дзæ- бæх куы базонгæ, уæд-иу зæронд устытимæ ныхæстæ кæнтртчæй йæхи ирхæфста. Æз дæр мæ куыстимæ хуыз- дæр базонгæ дæн. Партион æмбырды ма мын управле- 82
нийы бæрнон кусджытæ мæ куыстæй æппæлгæ дæр ра- кодтой. Цы фадат мын уыд, уымæй Разиатимæ фембæлынæй мæхи хызтон. Æппæтыл дæр хъæцин, æппæт дæр ын ныххатыр кæнин, фæлæ ахæм сылгоймагимæ йæ цард сбæттын лæгаулæг, æвæццæгæн, никуы бахæсдзæн йæ сæрмæ. Разиат-иу цы боны улæфыд, уыцы бон-иу æз уæлдай батарейтæ райстон, цæмæй мын дыккаг бонмæ- йы фаг дæр уыдаиккой. Æмæ-иу уый куы куыста, уæд, та-иу уыцы рудзынджы ’рдæм кæсгæ нæ бакодтон. Мæ зæрдæйы рыст цæмæй уæлдай мауал стыхджын уыдаид, уый тыххæй æппæтмæ дæр цæттæ уыдтæн. Æнæхъæн мæйы дæргъы фыццаг бонæй фæстæмæ æз уымæ æввахс никуыуал æрлæууыдтæн. Иу хуыцаубон изæр хæдзары чиныгкæсынæй куы схъыг дæн, уæд Иоскъайы ’рдæм базылдтæн. Сындæг- гай дуар бахостон. «Мидæмæ», — зæгъгæ, мæм радзырд- та Иоскъа. Уатмæ бахызтæн. Разиаты уым Иоскъа- йы хæдоныл иту æвæргæ баййæфтон. Мæхимид фес- тъæлфыдтæн. Уый зонгæйæ, мæ къах ницæй тыххæй ба- вæрдтаин, фæлæ дзы ныр гæнæн нал уыд. «Уе ’хсæвтæ хорз», зæгъгæ, сын салам куы радтон, уæд чызг йæ иту кæнып фæуагъта æмæ йæ сæрыл хæрдмæ схæцыд. Иос- къайы кæд уыцы бон дæр федтон, уæддæр ын йæ къух райстон, Разиаты къухыл дæр ныххæцыдтæн. — Сымах зонгæ стут? — афарста нæ Иоскъа, фыц- цаг мæнмæ, стæй та Разиатмæ бакæсгæйæ. Стæй махæй сдзурыны фадат дæр никæмæн уал радта, афтæмæй, ме ’рдæм йæ къух даргæйæ, Разиатæн загъта: — Уый мæ сабион æмбал у, нæ ног инженер. Уый та — мæ саударæг хо, — загъта Иоскъа, ныр та йæ къу- хæй Разиатмæ ацамонгæйæ. —Мах зонгæ уыдыстæм, æрмæст мын йæхи шахтер схуыдта. — Æмæ шахтер у, уæдæ цы у. Иууыл хуыздæр шах- тер хæххои нпжеиер йæхæдæг хъуамæ уа, — дзуапп ын радта Иоскъа. — Мах ма ноджы уымæй размæ кæй фембæлдыстæм, уый дæр ма хъуыды кæнын. Мæн фæндыдис, демæ куы базонгæ уыдаин, фæлæ ды не сразы дæ,—уайдзæфгæ- нæгау загътон Разиатæн. Чызг, цыма мæнæй уый зæгъын æнхъæл нæ уьгд, уыйау фæкъæмдзæстыг. — Уый автобусыл уыд æмæ ахæм ран алкæмæн кæм 83
дзурдзæн лæг йæ биографи. Афтæ нæу, Йоскъа? — дзырдта Разиат, цыма стыр зылынджын уыд, æмæ йæ- хи раст кодта, уыйау. Разиаты хъæлæсы уагæй æз ха- тыдтæн, фидарæй йæ кæй уырныдта йæ архайды рæст- дзинад, фæлæ уазæг кæй уыдтæн, уымæ гæсгæ йæ нæ фæндыд, æз бынтон састы бынаты баззадаин, уый дæр. Хъуыддаг æвзарыныл Иоскъа йæхи тынг нæ батых- сын кодта, уайтагъд, йæ къух хæрдмæ сдаргæйæ, сдзырд- та: — Уæ иу дæр раст æмæ уе ’ннæ дæр, —æмæ мын бандонмæ ацамыдта. Разиат Иоскъайы чъылдым тъæпæн къухæй барджы- ны цæф æркодта. Æз дæ хынджылæг домдтон, зæгъгæ, æмæ бахудт. — Ныххатыр мын кæн, Мухтъар, кæд дæ разы исты фæрæдыдтæн, уæд, — загъта мын Разиат, мæнмæ йæ уарзæгой цæстытæ æрбазилгæйæ. О, уыцы цæстытæ, уыцы рæвдаугæ æнгæс... Нæй, æнæ уыцы цæстытæ а-дуне мæнæн -къуындæг у. Уыдо- нимæ та куыд амондджын уаин, уый зæгъæн нæй æвза- гæй. Цы мæ бадомид, изæры куыстæй фæлладæй хæ- дзармæ æрцæугæйæ, уыцы цæстытæ’мæнмæ куы кæсик- кой рудзынгæй, мæныл куы узæликкой. Бандоныл æр- бадгæйæ, уыцы уæздан къухтæ мæ уæхскыл куы æвæ- рид, куы мæм æргуыбыр кæнид æмæ ныртæккæ быдæй чи фæиппæрд вæййы, уыцы æгоммæгæс дзыккуйы æр- дутæ бындзыггай ме уæхскыл куы ’ркæликкой. Нæй, æз ныссæтдзынæн æппæт ныхдуртæ, удæгасæй мæ Разиатæй никæцы тых фæиппæрд кæндзæн, æппæт дæр æрымысгæ сты. Йæ туг йе уæнгты цæджджинагау кæмæн æхсиды, уыцы цардбæллон æвзонг чызг кæддæр фæрæдыд, ацыд йæ зæрдæйы æнкъарæиты фæдыл. Ныр уыимæ дæ цард сбæттын цæмæн хъуамæ уа æгады ми, æнамонддзинад! Æппæт уыдæттæ æрмæстдæр адæйма- джы хъизæмарæн æрымысгæ сты. Æрмæст сразы уæд мæ фæндоныл, æрмæст мæн уарзæд, о, мæн уарзæд, æн- дæр макæй. Цымæ мын сразы уыдзæн, уарздзæн мæ? Æнæмæнг мæ уарздзæн. Р1е ’взонг зæрдæ æрмæстдæр уарзын домы, æвæццæгæн, уарзта. Æппæты фыццаг кæйдæр æлгъыстаг лæппуйыл уымæн баууæндыд, уы- мæн æм радта æппæт йæ уды бартæ. Фæлæ хатт куырм вæййынц нæлгоймæгтæ, йе ’ууæнк сыл чи бафтауы, уый рæсугъд æнкъарæнтыл цъыф къахæй алæгæрдынц. Нæй, æз амондджын дæн. Амондджын дæн, æрмæстдæр Ра- 84
зиатыл ахæм ном кæй ис, уымæй. Науæд афонмæ искæй хæдзары чындзы митæ кæнид, стæй мын комгæ дæр ба- кодтаид? Æцæг æнамонддзинад уæд уыдаид. Ахæм хъуыдытæ ахæлбурцъ кодтой æваст мæ сæры магъзы æмæ, Разиат афонмæ искæй бинонтæ уыдаид, уый цæстыл ауайгæйæ, ме уæнгтæ æнахуыр дыз-дыз ныккодтой. Царды æппæт дæр мæ амонды тыххæй арæзт у, Ра- зиат мæ цард сфидауын кæныны тыххæй фæзынд дуне- мæ, уымæн æвдисæн у, ныртæккæ дæр. мæм цы рæвдау- гæ æнгас æрбадардта, уый дæр. Уыцы ’хсæв Иоскъатæм бирæ фæбадтыстæм, ныхас кодтам, къамтæй хъазыдыстæм. Разиаты æгъдау, йæ алы фæзылд мæ сæрзилæнгæнæн дисы æфтыдтой, йæ дзыхы дзырд, йæ мидбылты худт мын ме ’рхæндæг зæр- дæ уалдзыгон хурау хъарм кодта. «Цæуон нæхимæ, ныр афон у», — зæгъгæ, сдзырдта фæстагмæ Разиат æмæ сыстад йæ бандонæй. Æз сгу хатмæ æркастæн. Дыууæ фаты дæр, дыууадæс чи амыд- та, уыцы цифрæйьгл æмхуызон сныхæстысты. Джихауæй аззадтæн. Рæстæг кæуылты ацыд, уымæп ницы базыдтон. — Ацы чызг дæ фæдзæхст, Мухтъар, йæхæдзарыл мын æй дзæбæхæй сæмбæлын кæн, — фæдзæхста мын Иоскъа, Разиат дуар куы бакодта, æмæ æз дæр цæуын- мæ мæхи куы ’рæввонг кодтон, уæд æмæ мæм йæ цæст хинæйдзаг ныкъуылд фæкодта. Разиатпмæ дыууæйæ араст стæм, сæ хæдзары ’рдæм цы уынг цыд, ууыл. Мæ зæрдæ тыхст, ме ’взаг нæ арæхст ныхасмæ. Сæ хæдзары фæзилæнмæ æнæсыбырт- тæй бацыдыстæм. — Мæнæ уый нæ хæдзар у,— ныллæг хъæлæсæй сдзырдта чызг, чъырæй лæгъз сæрст къаинæг хæдзар- мæ цæстæй ацамонгæйæ, æмæ йæ мидбынат æрлæууыд. Уымæй мын æмбарын кодта, зæгъгæ, ды дæ хæс сæх- хæст кодтай. — Уæдæ ахицæн уæм, уый дæ фæнды, нæ? — чысыл ма мæ цуры цæмæй афæстиат уыдаид, уый тыххæй^ йæ æнæрхъуыдыйæ афарстон. — Рæстæгмæ, — уыд Разиаты цыбыр дзуапп. Мæ хъусы цыдæр æхцон зæлланг ныккодтой ацы ны- хæстæ. Рæстæгмæ, æрмæстдæр рæстæгмæ фæнды мæн дæр мæ бæллиццаг чызгæй хицæн кæнын. Мæ зæрдыл æрбалæууыд, ардæм цæугæйæ, Разиати- мæ мæ базынды цаутæ, Разиаты æмбалы ныхæстæ, уæ 85
фæхицæнгæнæгæн худинаг дæр уыдзæн, зæгъгæ. — Амæйразмæ автобусы чемæ уыдтæ, уыцы чызг дын чи уыд? — цымыдис фарст акодтон Разиаты. — Уый Ханиффæ уыд — ме ’фсымæры бинойнаджы, мæ чыпдзы хо. Стæй æнæуи дæр хæлæрттæ стæм, — уæзбын хъæлæсæй мын дзуапп радта чызг. Разиат сæ кæрты каудуары ’рдæм балæууыд. Ме ’фсæрмæй кæм лæууыд, уый æмбæрстон æмæ йын хæрз- æхсæв зæгъыны ’фсон йæ къух зæрдиаг æлхъывд нык- кодтон. — Цæй, мæн дæр дæ хæларыл банымай, — загътон ын цыдæр нымд хъæлæсæй. — Табуафси!— æвæстиатæй мын дзуапп радта чызг. Уыцы дзуапп мæ ноджы дæр баразæнгард кодта. — Сомизæр дын кæд рæстæг фæуыдзæн, уæд-иу клубмæ рацу, хорз? — Фенæм! Хæрзæхсæв! — уыд цыбыр дзуапп. Чызг йæ къух мæ армæй атыдта æмæ каудуарæй фæ- мидæг. * * * Музыкæйы зæлтæ уæрæх æмæ райдзаст клубы къул- тæ арыдтой. Цалдæр сахаты размæ дæр ма спецдарæсы зæххы бын къæдзæхтимæ счъилдысæй хъæбысæй чи хæцыд, рыг æмæ чъизийы сæ цæстытæ дæр кæмæн нал зынды- сты, уыцы фæсивæд иыр хæрзконд, хæрзуагæй рæстæг æрвыстой, хъазыдысты, кафыдысты. Иры хæхты дæр европæйаг кæфтытæ ссардтой бынат, ирон симдау сæ айстой фæсивæд. Уæрæх залы лæгъз астæрдыл дæларм- уæларм æнгом хæцгæпæ доны хъазтау ленк кодтой цал- дæр къай кафæджы. Клубы иу къуымы Иоскъа йе ’мбæлттимæ цæуыл- дæр зæрдиаг ныхас кодта. Мæ фенгæйæ уайтагъд уыдон фæуагъта æмæ мæ размæ рацыд. Цыма кæрæдзи рагæй нал федтам, уыйау мыл узæлыд. Дзæвгар фæныхас кодтам иумæ. Кафджытæм мæ цæсты зул дардтон, фæ- лæ Разиат семæ никæцæй зынд. Уым лæууын мæм нал цыд. — Дуармæ куы азиликкам, Иоскъа, изæры уæлдæф аныхъуырын дæр æвзæр нæ уаид, — бахатыдтæн ме ’мбалмæ. Уый мæ фæндыл сразы. Æваст пу чызгимæ Разиат залмæ æрбахызт. Иос- 86
къа сæм уайтагъд фæсидт. Чызджытæ æхцонмидбыл- худтгæнгæ нæ цуры æрбалæууыдысты. Рагон зонгæтау Разиатимæ кæрæдзи къухтæ райстам. Æгъдаумæ гæсгæ мын йе ’мбалы базонгæ кодта. — Уый дæр афтæ фод, фæлæ айæппæт адæм кæм кафыпц, уым мах нæ зæрдæтæм цы ныккастыстæм, æви мах адæмы фыддæр стæм!—хъазæнæмхасæнты фарс- та Иоскъа Разиаты æмбалы. — Æмæ акафдзыстæм, нæ бар нæхи нæу?!%—уыд чызджы дзуапп. Иоскъа бирæ нал ахъуыды кодта. Иæ иу къухæй чызджы къух райста, иннæмæй йын йæ чъылдым æрба- тухæгау кодта æмæ сæ дыууæ дæр музыкæйы æхцон зæлты бæрн сæхи бакодтой. Æз Разиатимæ лæугæйæ баззадтæн. Цыдæргъуызон мæм рæсугъддæр æмæ серьезондæр кастис ацы ’хсæв. Уыднс ыл ног æнæдыс сæрдыгон къаба — хуымæтæг, фæлæ зæрдæмæдзæугæ хуыд. Электры цырен рухсмæ йæ хурдзыд цæсгом тæмæнтæ калдта. Рагон хæлæрттау зæрдæвæндонæй ныхæстæ кодтам. Утæппæт адæмы ’хсæн мах нæхи æнкъардтам хибарæй. Æппынд&ф никæй æндæвтам, нæ ныхас нæхицæй дард- дæр никæмæн уыд цымыдисаг. — Кафын дæ фæнды, уæд мах дæр акафæм, — фарс- топ Разиаты. — Акафæм — загъта мын йæ фæндон. Æнæдзургæйæ сиу стæм кафæг къæйтты зилахарн- мæ. Афтæ мæм касти, цыма кафгæ нæ кодтам, фæлæ нæ афтæ иумæ, нæ зæрдæтæ æмцæфкæнгæйæ денджызы уылæптæ- сæ сæрыл пстоп бæрзопд. Дзæвгар фæкафыдыстæм. — Нæ бафæлладтæ, миййаг? — афарстон æй ныл- лæг хъæлæсæй. — Нæ! — йæ сæры батылдæй мын æнæдзургæ дзуапп радта. — Ардæм куыд æрæгмæ цыдтæ? — Ме ’мбалмæ уыдтæн. — Ардыгæй комкоммæ уæ хæдзармæ цæудзынæ? — куыддæр æй æнæрхъуыдыйæ афарстон. Иæ сæр батыл- дæй та мын ацамыдта, о, зæгъгæ. — Æз та дæ ахизын кæндзынæн, разы дæ? Разыйы нысанæн та чызг йæ сæр батылдта. Бирæ нал фæкафыдыстæм. Уайтагъд фескъуыдысты музыкæйы зæлтæ, æмæ кафджытæ схъомпал сты. 87
Разиат йе ’мбал чызджы агуырдта, цæйдæр тыххæй мæ йæ фенын фæнды, зæгъгæ. — Æз дæм дуармæ фæлæудзынæн, — загътон ын æз. — Хорз, ныртæккæ дæ феййафын, — Разиат мидæ- мæ, залы иу къуымы ’рдæм фæзылд, æз дуармæ рахыз- тæн. Асфальт уынджы æвзонг сусхъæд бæласы бын фæ- лæууыдтæн æмæ клубы дуарæй мæ цæст нал истон. Цы- дæр æхцон минуттæм æнхъæлмæ кæсгæйæ, зæрдæ ци- пы, малы кæсагау, лспчытæ кодта. Мæ алыварс æгомыг хæхтæ мæм цыдæр мидисджындæр зындысты. Цыдæр æнахуыр тых, æнахуыр уæлмонц мын лæвæрдтой. Фæ- лæ мæ рæсугъд бæллицтæ бирæ нæ ахастой. Æваст дуарæй рахызт Разиат. Йæ фæдыл сау кос- тюмджын лæппу рагæпп кодта æмæ йын йæ бæгънæг цонгмæ февнæлдта. Разиат йæхи ратыдта, фæлæ та йæ лæппу.пог ацахста. Мæ цæстытæ атарытæ сты, мæ уæнгтæ æнахуыр дыз- дыз пыккодтой. Мæхи сæм хæстæгдæр баластон. — Ахсæв мын демæ рæстæг нæй, цал хатты дын хъуамæ зæгъон!.. — чызг ын йæ хъусы дзурæгау кодта ацы ныхæстæ æмæ йæ цонг тыхтонæгау ракодта. Мæ фенгæйæ лæппу хорзау нал фæцис. Мæ фадыджы чи куыста, уыцы шахтертæй разынд. — Бахатыр мын кæн, Мухтъар, сæхимæ ахизын кæ- нын æй уыд мæ зæрды, — бадыбал-дыбул кодта лæп- пу æмæ фæстæмæ фæзылд. — Ахæм хъæдысырд ма искуы ’рцæудзæн?!—мæ ауынгæйæ йæхн раст кодта Разиат. Мæ бон æм ницы сдзурын бацис. Фырмæстæй хур- хы сæртæ адымстысты, хъуыр ахгæдта, расыгау хæццæ къахдзæфтæй цыдтæн йæ иувæрсты.- Æппынæдзух мæ хъусты калмы æхситтау зæлыдысты Разиаты ныхæстæ: «Ахсæв мын демæ рæстæг нæй». Сæрхъæн митæ, бын- тон сæрхъæн митæ! Мæ зæрдæйæн низ цæй тыххæй дæт- тын, мæ сæр цæмæн чъизи кæнын? Цы мын ис ахæм адæймагимæ иумиагæп?! Цы хуыцау мæ ралгъыста, цы мæ сæрра кодта, кæд ма кодтоп афтæтæ!.. Фæлварæджы каст бакодтон æрхæндæгзæрдæйæ мæ иувæрсты цæуæг чызгмæ. Цæуылдæр арф сагъæсты ны- гъуылгæ уый йæ сæр уырдыгмæ ауагъта, афтæмæй стыр æфхæрд бабыхсæгау цыдис. Куыддæр мæм æнæазым фæкастысты йе ’рхæндæг цæстытæ. Чизоны æцæг ницы азымджын у, бынтон æнæхъуаджы йæм фæхæрам дæн мæ зæрдæйы, чизоны сæ хæдзары онг лæппуимæ ацæ- 88
уыны тыххæй дзырдта, демæ мын рæстæг нæй, зæгъгæ. Ау, йемæ йын рæстæг куыд уыдаид, кæд æмæ мæнæн баныфс æвæрдта, æз æм æихъæлмæ кастæн!.. Бынтон тугтæригъæд уаид ахæм æнæазым зæды аххосджын кæ- нын æмæ йын дзæгъæлы гуырысхотæй йæ зæрдæ къа- хын. Æниу ын æз чи дæн, цы бар мын ис мæ зæрдæйы гуырысходзинад равдисынæн, уымæн уайдзæф бакæ- нынæн. Æз Разиатæн æмбарын кодтон, куыд уыцы цауæн мисхалы бæрц нысаннуæг дæр нæ дæттын æмæ уый тых- хæй зæрдæйы ахаст аивын бынтон æдылыдзинад дæр ма у. Ныхасгæнгæйæ сæ хæдзары иувæрсты куыд аив- гъуыдтам æмæ поселочы кæронмæ куыд ныххæццæ стæм, уый нæ дыууæ дæр не ’рхатыдтам. Фæлæ нын электры цырæгътæ нæ развæд рæстмæ куынæуал- рухс кодтой, уæд Разиат куыддæр фергъуыйау, дзыхълæуд фæкодта. — Аздæхæм, — сабыр хъæлæсæй сдзырдта фæстæмæ поселочы ’рдæм фæкæсгæйæ. — Иучысыл аныхæстæ кæнæм, Разиат, нырма ра- джы у. Иугæр мæ дæ хæлæрттæй иуыл нымайыс, уæд дæ уырнæд, дæуæн мæ æвзæр кæй нæ бафæнддзæн, — мæ зæрдыл æрбалæууыдысты нæ дысоны ныхæстæ. Дзæвгар рæстæджы æпæсыбырттæй цыдыстæм дард- дæр чысыл цæугæдоны былтыл. — Ахуыр нæ кодтай, Разиат? — куыддæр мæ дзыхы æрбабадтис ацы фарст. — Аст къласы фæдæн. — Стæй йæ ныууагътай, нæ? — О, ныууагътон æй. — Нæ хъуыдис йæ иыууадзын, — йæ чысыл къух ын мæ рахиз къухмæ райсгæйæ загътон æз æмæ иу гæды- бæласы бын æрлæууыдыстæм. Нæ дыууæ дæр ныхъхъус стæм. Ирд арвыл мæй никуыцæй зынд, фæлæ стъалыты рухсмæ Разиаты цæсгомыл æз дзæбæх æвзæрстон ца- хæмдæр арф сагъæсы фæд. Æрхæндæг, сагъæсгæнæг цæстæпгасæй мæм ноджы рæсугъддæр фæкаст. Мæ зæрдæйы уарзт æмæ судзгæ гуырысхо æнахуыр хæлбурцъ кодтой. Ахæм æвзонг дидинæджы хуызæн цардбæллон чызгимæ хибарæй æмулæфт кæй кодтон, уымæй мæ зæрдæ æхцон хъыдзы кодта. Цæмæндæр мæм чызджы зæрдæхæлар æнгас афтæ кастис, цыма мæ сыгъ- дæг уарзопдзинадыл йæхи нæ атигъ кодтаид, бамбæрс- &9
таид мæ æмæ мын йæ зæрдæйы дуар бакодтаид. Фæлæ мын æнамонды гуырысхо мæ риуы цыргъ фæттæ тъыс- сæгау кодта. Уый та нæ уыд Отеллойау æнæсæрфат гуырысхо. Ау, æцæгæлон лæппуйы уæлдæфон пъатыл худгæйæ æмбæлын гуырысхойæн фаг нæу?! Цы хизын хъуыд Разиаты цалдæр минуты размæ, кæд æмæ йæ хæдзар поселочы центры ис, уынгтæ бонау рухс сты æмæ адæм та иууылдæр уынгты сты. Стæй цы нысан кæпы, ахсæв ын уыимæ рæстæг кæй нæ уыд, уый! О, ахсæв уый йæхи мæ бæрн бакодта, чизоны ныртæккæ мæнæй дæр цыбыр æмгъуыдмæ уарзты миниуджытæ до- мы. Æбæрæг сагъæсты аныгъуылдтæн. Зæрдæ мидхъуыр- духæнæй не ’нцад. Уæддæр Разиаты хæлар цæстæнга- сæн рогдæр кодта мæ катай. Цæстытæ, хæлар цæстытæ бынтон æндæр дзырдтой. Уадз, мæ хъуыды, мæ гуырыс- хо раргом кæнон Разнатæы. Æз ме ’нкъарæнтыл хъа- дамантæ бакæндзынæн, мæ зæрдæйы бæллицтæ мæхи къухæй ныххурх кæпдзыпæи, æрмæст ахæм цардбæллон чызг йæ монцы амæттаг ма фæуæд. Æрмæст мæ æмбар- гæ бакæпæд, уый йеттæмæ æз æнцонæй сфæраздзынæн уарзопдзинады фыд схуыст. — Разиат.-.—цыдæр æнарæхст хъæлæсæй йæм сдзырдтон. — Мах хæрз чысыл рæстæг зонæм кæрæдзи. Йе, уымæ гæсгæ дæуæн, чи зоны, зын уа мæ сыгъдæг зæрдæмæ ныккæсын, чизоны мæм ме ’ргом ныхасы тых- хæй хæрам дæр фæуай. Фæлæ, цæй, цы чындæуа! Мæ зæрдыл ма лæууынц дæ дысоны ныхæстæ: цæмæй дæ хæлæрттæй уон, уый тыххæй мын раргом кодтай дæ разыдзинад. Чизоны ацы хъуыддагыл æфсæрмæй дæр сразы дæ,-фæлæ дзы уæддæр æз пайда кæпып. Мæхицæн уырнын кæиын, дæ хæлар кæй дæн, уый... — куыддæр фæтыхстæн, мæ сæйраг ныхасаг цæмæй райдыдтаин, уый нал арæхстæн, стæй мын мæ цæхгæр ныхасы тых- хæй чызг алывыдтæ дæр кæй акалдтаид, уымæй дæр æдас нæ уыдтæи. Фæлæ фæстæмæ здæхæн нал уыд. — Хатт лæг фæхаты, йе ’ргом ныхасы тыххæй йæм йæ хæ- лар кæй фæхæрам уыдзæн, уый, фæлæ уæддæр фæзæ- гъы, йæ зæрдæ йæм цы дзуры, уый, — райдыдтон та дзурын æппæт мæ ныфсхастдзинад, мæ тыхтæ æрбам- бырдгæнгæйæ. — Ды нырма æрыгон, æвæлтæрд чызг дæ. Де ’взонгдзинад, дæ рæсугъддзинады аргъ дæхæ- дæг дæр хорз хатыс, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма уы- мæн йæ бавæрын нæ арæхсыс, бирæтæн дæттыс уымæ 90
чъизи къухæй æвналыны бар. Уарди дидинæг иууыл рæсугъддæр æмæ зынаргъдæр дидинджытæй у, сындзыл зайы æмæ уымæ гæсгæ йæ ратонып алкæй къухы не ’фты. Алкæй къухы æнцонæй куы ’фта, уæд йæ рæсугъддзи- надæн аргъ нал уыдзæн. Ме ’взаг æй зæгъын дæр нæ арæхсы, фæлæ куыд рахатыдтæн, афтæмæй дын дæ рæ- сугъддзннад разилын кодта дæ сæр æмæ дæ уый дæ сомбоны амонды фæндагæй куы фæиппæрд кæна, уымæй тас у. Ды хорз хатыс, дæ фæхудт æвзонг лæппуты зæр- дæмæ кæй цæуы æмæ куыд хатын, афтæмæй сын æй нæ хæлæг кæныс. Уыдонæй бирæты аслам рæвдыд дæ зæр* дæмæ дæр цæуы. Фæлæуый тæссаг у, уыцы рæвдыд ны- хас иу бакастæй кæд адджын зыны, уæддæр ыл марг конд ис. Ды, æвæццæгæн, хъуыды кæныс, зæгъгæ, ца- лынмæ æвзонг æмæ рæсугъд дæп, уæдмæ спайда кæнон æрдзæй лæвæрд хæрзиуджытæй. Фæлæ уыцы хæрзиуджы- тæ æрдз куыд радта, афтæ сæ фæстæмæ дæр байсдзæн. Стæй уæд? Ды æмбаргæ чызг дæ æмæ стæй цы уыдзæн, ууыл ахъуыды кæн. Мæн уый фæнды, цæмæй дæ фæ- худт, дæ уынд æрмæстдæр иу адæймаджы зæрдæ тава. Курын дæ, Разиат, бамбар мæ, ма мæм фæхæрам у,— дзырдтон Разиатæн мæхицæн тыхми кæнгæйæ. Чызджы хæрзконд цæсгомыл ставд цæссыгтæ кæрæ- дзи фæдыл згъордтой æмæ æхсæвы дыдзырухсмæ нал- хъуытау æрттывтытæ кодтой. Бæрæг уыд, мæ ныхæстæ æгæр дæрзæг кæй уыдысты, йæ риу ын æгæр кæй бав- дæрзтой. Иуæй мæхимæ мæсты кодтон, йæ зæрдæ йын афтæ тынг кæп фæриссын кодтон, уый тыххæй, ипнæмæй та мын æхсызгон уыд, Разиат йæ фæндаджы тæссагдзи- падыл кæй ахъуыды кодта, уый. Дзæвгар фæлæууыдыстæм æдзынæгæй. Мæп Разпа- ты ивгъуыд царды фæндаджы тыххæй дзурын нал фæн- дыд, Разиатмæ зæгъинаг цы уыд, уыдон та æз йæ рæ- суг цæссыджы æртæхты дзæбæх æвзæрстон. Мæ бон нал бацис мæ зæрдæйы æнкъарæнтæ гуыдырæвæрдæй хæс- сын. — Цы дын æй æмбæхсон, фыццаг хатт дæ автобусы куы фсдтон, уæдæй фæстæмæ мæ уды æнцойад фесæфт, мæ зæрдæ судзгæ уарзты зынгæй судзы, — загътон ма пып фæстаг хатт æмæ йын йæ къухтæ ме ’рмтты æрба- тыхтон. Цыдæр сæрзилынгæнæг фенддаг мæм фæкаст æрхæндæг цæстæпгаспмæ катайгæнгæ, йæ царды фæсмои æнкъаргæйæ. О, куыд тынг мæ фæндыд уыцы уысм Разиаты мæ 91
риумæ æрбатухын, мæ хъарм пъатæй уымæн йæ цæс- сыгтæ ссур кæнын, фæлæ æваст мæхиуыл фæхæцыдтæн. Фæндыдис мæ мæ фидар уды хъæдæй Разиатæн цæ- виттон равдисын, фæндыдис мæ Разиатæн уый бам- барын кæнын æмæ æнувыд сыгъдæг уарзты хъарм пъа- тæм æрмæстдæр рæсугъд хъуыддæгтæ саразыпы фæстæ кæй ис æрцæуæн. КУЫД ХИВÆНД У ЗÆРДÆ! Разиатæн мæ фæндон раргом кæныны фæстæ зæр- дæйыл цыдæр æбæрæг сагъæс бафтыд. Æдзух Разиа- тыл уыдысты мæ сæнттæ, мæ хъуыдытæ. Разиатæп иу- гæр йæ рæдыд къахдзæфы тыххæй судзгæ фæсмонæй йæ зæрдæ фæрыст æмæ мæм ме ’ргом ныхæсты тыххæй нæ фæхæрам, уæд мæм афтæ каст, цыма мæ сыгъдæг уарзтыл йæхи нæ атигъ кодтаид. Царды дзы æндæр хуыздæр хæрзиуæг ницы домдтон, æрмæст мыл æнувыд уыдаид иумæ цæргæйæ, мæ ном мын макуы счъизи код- таид, хинæй мыл макуы разылдаид. Æгас поселочы Разиатæн йæ авторитет сæфт кæй уыд, уый мын гуырысхойаг нал уыд. Цыфæнды раст фæндагыл куы ныллæууыдаид, уæддæр мæ ног куысты ног æхсæнады ’хсæн уый цардæмбал уæвын мæнæн ху- динаджы гаккау кæй уыдаид, уый дæр мæ фидарæй уырныдта. Æмæ мæ сæры сæвзæрд, Разиаты ивгъуыд царды истори кæм пæ зонынц, ахæм ранмæ кусынмæ ацæуып. Уым нын уыдаид ног хæлæрттæ, ног æмгæрттæ. Разиат уыдон цæсты уыдаид кадджын. Фæлæ гуырысхо, зæрдæхсынæн гуырысхо бацыд мæ туджы æмæ мын улæфт нал лæвæрдта. Нæ фæстаг фембæлдæй фæстæмæ сусæг-æргомæй Разиатмæ æдзух мæ цæст дардтон. Нæ зонын, мæ амон- дæн, æви ме ’намондæн, Разиаты æгас дыууæ мæйы дæргъы лæппумæ бахудгæ никуыуал федтон, æппын- æдзух йæ цæсгомыл цыдæр таргъуыз бадт æмæ никуы- уал дæр клубхмæ æрцыд æввахс. Шахтертæм-иу Разиаты тыххæй арæх æрхауд ны- хас. Уыдон мæ зæрдæйы æнкъарæнтæн кæй ницы зыд- той, уымæ гæсгæ-иу мæхи фæцымыдисгæнæг кодтон æ^æ-иу, сæ истæуыл хи аирхæфсыны æфсон, Разиатæй фарстон. Уыдон ныхæстæм гæсгæ Разиат йæ характер 92
бынтон аивта æмæ, йæм лæппутимæ раздæры ахастæй ни- цыуал уыдис. Æгæрыстæмæй ма æрæджы иу шахтерæн йе ’хсæрфарс пырхкъухæй дзæхст дæр ныккодта, уый йæм æнæгъдау æвзагæй кæй дзырдта, уый тыххæй. Æп- пæт ахæм хабæрттæ хъусгæйæ мæ зæрдæ рухсамондæн- хъæл æхсызгон хъыдзы кодта. Разиатыл-иу æз æрмæстдæр йæ куысты уæлхъус, йæ хъуыддагыл архайгæйæ æмбæлдтæн. Мæ рухс ивынмæ бацæугæ-иу кæддæриддæр уыд мадзура, æнкъард. Цы- дæр судзгæ мидхъуырдухæнты кæй уыд, уый бæрæг уыд йæ цæстæнгасыл. — Куыдтæ цæрыс, Разиат? — кæддæриддæр-иу æй аудæг хъæлæсы уагæй æпæафæрсгæ нæ фæдæн салам радтыны фæстæ. «Ницы мын у» — йæхицæн дзурæгау- иу бакодта æмæ-иу мæм рæстæгæй-рæстæгмæ цыдæр ’фæлмаст цæстæнгасæй æрбакаст. Разиат мæ зæрдæмæ бонæй-бонмæ арфæй-арфдæр хызт. Фæстагмæ мæ боы нал бацис Разиаты зæрдæйы цæф- мæ дардæй хъусып. Иуизæр, куыстæй рацæугæйæ, мæ зæрды уыд Иоскъатæм æрбацæуыны тыххæй Разиатмæ бахатын. Фæлæ уыцы æмрæстæджы нал дæр Разиатæн йæхи бон бацис иунæгæй йæ зæрдæйы сагъæстæм хъу- сын. Мæ фсигæйæ чызг уайтагъд йæ тары йе ’нгуылдз- тæ фæтъыста, чысыл гæххæтты гæбаз сласта æмæ мын æй гæзæмæ мидбыл фæхудгæйæ мæ армытъæпæны фæ- сагъта. — Фæндагыл æй бакæсдзынæ, — мæ хъусы дзурæгау мын бакодта. Куыддæр фæаууон дæп, афтæ райхæлдтон газххæтт æмæ йæ цымыдисæй бакастæн: «Изæры дæсы ’рдæгыл мæ куыст фæуд кæны. Хорз уаид, ацырдæм куы разилис, æмæ ардыгæй иумæ куы ацæуиккам. Тыпг мын бахатыр кæн, кæй дæ тыхсын кæнын, уый тыххæй. Р». Мæ царды иууыл амондджындæр уыцы бон уыд. Мæ уарзопæн йæхи фæндыд мемæ фембæлын, бæрæг у, йæ- хæдæг мыл зæрдейæдæр кæй у. Зæрдæ ’нцойад нал ард- та. Бирæ нал ахъуыды кодтон, ме спецдарæс раивгæ- йæ, уайтагъд поселочы ’рдæм мæхи райстон. Нæхимæ сынтæгыл чысыл аулæфыдтæн, стæй мæхи æрдастон, мæ райстбавæрд пысултæ скодтон æмæ фæс- тæмæ хæххон цехы ’рдæм скодтон мæ фæндаг. Разиат мæ уайтагъд суыдта рудзынгæй æмæ мæ 93
размæ æрхызт. Куыддæр æнæдзургæйæ кæрæдзимæ са- битау фæхудтыстæм. Разиатæн йæ дзабыртæ бырыды- сты æмæ йын уырдыджы йæ къухыл фидар хæцыдтæн. Фæндагæн иуварс фездæхтыстæм æмæ цъæх нæууыл гæзæмæ кæй æвзæрстам, уыцы ’пæбары къахвæндаджы бæрн бакодтам нæхи... — Кæдæм цæуæм? — джихæй мæ афарста Разиат. — Мæныл æууæндыс? — Мæхиуыл куыд æууæндын, афтæ. — Уæдæ мемæ мацæмæй тæрс, — загътон Разиатæн æмæ йын йæ къух уæгъд нал суагътон. Иу æрдузы хъæддаг кæрдобæласы бын æрлæууыды- стæм. Дзаг мæйы фæлурс тынтæм нæ аууæттæ нæ дæл- фæдтæм фæрсæй-фæрстæм цъæх нæууыл æрхуыссыды- сты. Нæ алфæмбылай айпæг къæд^æхты æгуыппæгдзииад æрмæстдæр дæлиау фæзы цæугæдоны къуырма сæр- сæр хъыг дардта. — Разиат, цæмæн афтæ æнкъард кæныс? — чызджы æрхæидæгдзннадмæ кæсын нал фæрæзтон. — Зæгъ-ма мын, æз исты аххосджын дæн дæ разы? — Нæ, — æнæдзургæйæ йæ сæр батылдта. — Уæдæ цы у дæ сагъæсы аххосаг? Мæнæн дæр мæ зæрдæ цæмæн риссыи кæныс? — ног æм бахатыдтæн. Р1æ дзуапмæ мæ бон æнхъæлмæ кæсын пал уыд. — Æз æпамонд дæн, Мухтъар, — сдзырдта чызг цас- дæр рæстæджы фæстæ, æндæр ницыуал зæгъын сфæ- рæзта, йæ хъуыр ахгæдта. — Мæп æрмæстдæр дæуæн бузныг зæгъын фæндыд ацы ’хсæв,— райдыдта та уын- гæг хъæлæсæй. — Дæ ныхæстæ ’хсæв фыпæпæ дæр мæ зæрдæйæ нæ цух кæпынц. Æз куыд амопдджын уыдаин, ахæм аудæг æмæ мын зондамонæг куы уыдаид раздæр, ахæм зæрдæбын ныхæстæ дыууæ -азы размæ искæмæй куы фехъуыстаин. Цы гæнæн ма ис ныр, бабын дæн, мæ худинаджы къæмæн æрыхгæныны хос нал ис. Чызг ныккуыдта. Лцы ныхæстæм мыл цппы базыртæ базад. Уыцы ны- хæстæ уыдысты, мæ цæрæнбонты мын мæ зæрдæйы иу- уыл арфдæр къуымтæ чи барухс кодта, уыдон. Зæрдæ- йæн иууыл æхцондæр уыдысты йæ хæкъуырцц куыд, йе ставд цæссыгты æртæхтæ уыпын. Уыцы цæссыгты æз уыдтон мæ сомбоны амондджын царды бонтæ. Фескъуыд мæ зæрдæйы быхсындзинады таг. Мæ зæрдæмæ йæ æв- вахс æрбалхъывтон æмæ йын йæ цæссыгтæ мæ пъатæй 94
ссур кодтон. О, уыдон уыдысты мæ царды фыццаг пъа- тæ. Нæй уыдонæн æргъгæнæн, ницæимæ сын ис абарæн. Сыгъдæг уарзты зынджы чи фæсыгъд æмæ ахæм амонд- джын минуттæ йæ хай кæмæн фесты, æрмæстдæр уый бон бауыдзæн уарзон чызджы былты ад, уый дзыккуты æхцон аныдзæвд цæй аргъ у, уый рахатын. Уыцы уысм мæм дуне касти диссаджы ирд тынтæй фæлыст. Рази- ат йæ чысыл цæсгом мæ дæллагхъуыр ныннорста æмæ йæ рог улæфтæй мæ буар æхсызгон хъыдзы кодта. Аф- тæ мæм касти, цыма нæ æнахуыр маргъ йæ базырыл систа æмæ нæ узгæ йæ аргъæутты æбæрæг дунейы сæр- ты хаста кæдæмдæр. Бынæй та пын цæугæдоп алол-ла- йы зарджытæ кодта. — Разиат, зæгъ-ма, ды æрмæстдæр мæн уыдзынæ æнустæм? Зæгъ мын фидар дзырд æмæ стæй ацы фарс- тыл, ивгъуыд ристыл ныхас куыд никуы уал æрхауа не ’хсæн, цæмæй дæ зæрдæйы зæронд хъæдгом æнувыд, сыгъдæг уарзты хъармæй тагъддæр байгас уа. Æз дæ- уыл æууæндын, карз сомытæ нæ хъæуынц, æрмæстдæр мын иу ныхасæй зæгъ дæ хъуыды, — лæгъстæ кодтон Разиатæн, йæ къух мæ дæллагхъуыр батухгæйæ. — Ард дын хæрын мæ уарзон мадæй, кæуыл лæу- уæм, уыцы сыджытæй, дæу тыххæй судздзынæи, дæу тыххæй амæлдзынæн, иунæг дæ ном уыдзæн ^æ зæрдæ- йы фыст, — дзырдта Разиат æмæ æз йæ ныхæстыл иу- нæг уысм дæр нæ гуырысхо кодтон, сомытæ дæр уæл- дай уыдысты. БОНТЫ ИВТОЙ БОНТÆ Бонтæ ’бопты фæдыл куыд ивылдысты, уый æз иæ хатыдтæн. Разиаты уарзондзинад мын лæвæрдта, уæды онг кæй никуыма бавзæрстон, ахæм циндзинад; мæхи- мæ ахæм æвидигæ хъару никуыма банкъардтон, мс уæнгтæ бонæй-бонмæ афтæ рогдæр кодтой æмæ, уариау, хæхты сæрмæ атæхынмæ хъавыдтæн. Уыцы фæззæг Разиат æрвылбон дæр райсомæй рай- дыдта кусын æмæ æхсæвы скъолайы фарастæм къласы райдыдта ахуыр кæнын. Махæн ма æрмæстдæр хуыцау- боны уыдис фембæлыны фадат. Зæрдæ ие ’фсæст Рази- атимæ ныхасæй, уый хъуыдыджын цъæх цæстытæм кæ- сынæй. 95
Мах афтæ кæй схæлар стæм, арæх кæй æмбæлды- стæм, уый ахæм чысыл поселочы адæм райдианы дæр æнæрахатгæ нæ фесты. Бирæтæнырма афтæ æнхъæлд- той, цыма Разиатимæ æз æрмæстдæр рæстæгмæ хи ирхæфсыны тыххæй, чъизи хъуыддæгтæ аразыны охыл цæуын. Уый тыххæй мын мæ зæрдæмæ æввахс- дæр чи уыд, уыцы хæлæрттæ сæ хъуыды æргомæй дзырдтой. Æмæ мын уæ зæрде исты пайда ныхæстæ дзырдтой! Сæхимæ гæсгæ сæ мæ хорздзинад фæндыд, мæн цæмæй раст фæндагыл сардыдтаиккой, ууыл ар- хайдтой, фæлæ мын æцæгæй та мæ зæрдæ хъæстæ код- той. Иу бон мæ шахтæй рацæйцæугæ Герсан фæурæдта æмæ мын комкоммæ афтæ зæгъы: — Мухтъар, хæлар лæг мын дæ æмæ дын хъуамæ иу хъуыддаджы тыххæй мæ хъуыды æргомæй зæгъоп. Ды афтæ æвзонг нал дæ. Лæг иугæр уæлдæр ахуыр каст куы фæуа, æмæ бæрнон куыстмæ куы ’рæвнала, уæд ын йæ алы къахдзæфмæ дæр адæм къæппæввонгæй кæсынц. Ды, чизоны, афтæ æнхъæлыс, æмæ Разиатимæ æхсæвы- гæтты æдзух иумæ куы рацу-бацу кæнут, уæд уæ иичи хаты, ничи уæ фепы. Æцæг дæ бон у æмæ мып зæгъай, зæгъгæ, мæ архайд, мæ уагахасты руаджы мæ куыст нæ къуылымпы кæны, нæ дæр æхсæнады искæмæн исты зиан кæиын. Уый афтæ у, фæлæ лæг хатт нæ фæхаты, йæ архайдæй йæ авторитет дæлæмæ кæй хауы, адæмты ’хсæп æгад кæй кæны. Æмæ йын ахæм рæстæджы йæ рæдыд æрмæстдæр фæдзурынц йæ хуыздæр хæлæрттæ. Цыбырдæр зæгъгæйæ, ирон адæммæ хæтаг сылгоймаг куыд æгад у, афтæ æгад у уыцы сылгоймаджы æмхъу- зон, уый фæдыл цæуæг нæлгоймаг дæр. Мæ хæлары зондамонæн пыхæстæ мæ зæрдæйы цыргъ фатау ныхстысты. Мæ маст мæ хъуырмæ схæццæ ис. Уый ма ноджы дæр цыдæр зæгъын фæндыдис, фæлæ йæ æз æваст йæ цонгæй фæурæдтон. — Кæд ды æцæг афтæ æпхъæл дæ, уæд мæнæн нæ дæ хæлар, не ’хсæн иумиагæй ницы ис. Фыццаджы дæр, æз Разиатимæ чъизи хъуыддæгтæ аразыны охыл нæ цæуын, уый æз мæ удæй фылдæр кæй уарзын, ахæм адæймаг у. Дыккаджы та, ды хъуамæ зонис, Разиат хæтаг сылгоймаг кæй нæу. Фæлæ уæддæр кæд дæу дæ- хи ныхæсты рæстдзинад уырны, уæд мах кæрæдзи ни- куы бамбардзыстæм. Иумиаг куыстмæ, нæ дыууæйы службæйы хъуыддагмæ чи нæ хауы, ахæм хабæрттыл 96
не ’хсæн ныхас куыд никуы уал æрхауа абонæй фæс- тæмæ! — загътон ын æз фидарæй. Герсан хорзау нал фæцис. Æвæццæгæн, мæнæй ахæм ныхæстæ æнхъæл нæ уыд. Куыддæр пыффæлурс, цы ма загътаид, уый нал зыдта. Иудзæвгар хъуыдыты аны- гъуылд, стæй мын рæвдаугæ хъæлæсæй загъта: — Ньтххатыр мын кæн мæ гуымир ныхæсты тыххæй, фæлæ кæй загътон, уыдон мæ сыгъдæг зæрдæйæ кæй уыдысты, дæуæн мæ æрмæстдæр хорздзинад кæй фæн- ды уый тыххæй дын ард хæрын. Æз нæ зыдтон, хъуыд- даг цæй мидæг ис, уый, фæлæ иугæр, сымах кæрæдзи уарзут, уæд... — Куыддæр ферхæцыд, фæлæ уайтагъл йæ ныхас балхынцъ кодта, — уæ амонд хорз, бантысæд уын. Мæнæн цы рахатын хъуыд Разиатимæ мæ иудзина- ды нысан Герсаны зæрдæмæ кæй нæ фæцыд, æмæ йæм цæмæй уæлдай мауал фæхæрам уыдаин, уый тыххæй мын цъар ныхас кæй кодта. Герсаны пыхæстыл уæддæр лæмбынæг æпæахъуыды- гæнгæ нæ уыд. Уый æргомзæрдæ уыд æмæ мын йæ хъуыды, стæй адæмы хъуыды хæларау комкоммæ загъ- та, фæлæ Герсанау чи хъуыды кæны, мæн ницæйаг æн- къарæнты фæдыл цæуæг чи ’нхъæлы, уыдон чи фæнымад- таид. Хатт-иу сфæнд кодтон Разиаты бинонтæн мæ хъуыды æргомæй бамбарын кæнын. Афтæ рагæй фæн- дыл Разиатæн йæхи дæр. Хъуыддаг афтæ уыд æмæ-иу Разиат мемæ фембæ- лыны фæстæ æнафоны арæх бацыд сæхимæ. Æцæг йе ’фсымæр Датто ахæмтыл дзурын лыстæг хъуыддæгтыл иьтмадта, фæлæ-иу ын йæ чыпдз Мæдинæт арæх маст кодта. Иоскъа йын мæн тыххæй æппæт дæр фæдзырдта, фæлæ сæ æз мæхи кæй хызтон, уымæ гæсгæ гуырысхо кодтой. Октябры бæрæгбоны изæр æз Иоскъаимæ цыдæр амæлттæй бахаудтæн Разиаттæм. Ныр дæр нæ зонын, уьтй афтæ æнæнхъæлæджы уыд, æви Мæдийы фæндон- мæ гæсгæ. Иоскъатæм цæлы фынгæй сыстгæйæ, мæ фы- сымимæ поселочы кæронырдæм нæхи аирхæфстам. Ра- зиатты хæдзары фæстæ ныл Мæди хæрхæмбæлд фæцис. — Дæуæй цæй чындз ис, бæрæгбоны нын иу нæ да- рыс! — хъазгæйæ йын загъта Иоскъа. — Æмæ йæ цæмæй зоныс, нæ уын бадардзыстæм! — хъазæпæмхасæпæй уæндон дзуапп радта Мæди дæр. — Чизоны уазæг цæттæ æмæ фысым — æдзæттæ. 7. Нартыхты М. 97
— Уый зæронд æмбисонд у, махмæ уазæг цæттæ æмæ фысым та уымæй цæттæдæр. Рацæут нæм, нæ бæрæгбо- ны тыххæй нын акувут. Иоскъа уайтагъд сразы. Мæнæн дæр ма цы дзурæн уыд! Æнæуи дæр Даттойы базонынмæ бацымыдис код- тон. Алыгъуызæттæй мын ныв кодтой йæ партрет, чи мын дзырдта, хорз адæймаг у, æмгæрттæ уарзаг, хæ- ларзæрдæ, чн та мын æй мæрдкъах, комбинатор хуыдта. Даттотæм хуынд уазджыты баййæфтам. Уыдон дзаджджын фынджы алыварс бадтысты æмæ сæхицæн зæрдæвæндон гаджидаутæ скъæрдтой. Æвæццæгæн, раджы æрлæууыдысты сæ хъуыддагыл æмæ къахсттаг сæнæй сæ уадултæ дзæбæх басырх сты. Йæ бакаст мын развæлгъау куыд ныв кодтой, уымæ гæсгæ уайтагъд базыдтон, фынджы сæр Датто йæхæдæг кæй бадт. Æнæхъуаджы стыр æмæ фæтæнтæ конд уыд, йæ иу уæхск чысыл бæрзонддæр, бæрзæй гæзæмæ зы- лын æмæ йæ иу цæст бæрæг чысылдæр. Иу бакастæй мын Гюгойы Квазимодо лæууын кодта мæ зæрдыл. Датто уыпдæй цы фæцух, уый Мæдипæт æртывæрæй æххæст кодта. Куыд дзырдтой, афтæмæй Мæдинæт фыц- цаг йæхæдæг бауарзта Даттойы æмæ йæ фæстæ цæу- гæ дæр йæ бппопты æварстæй акодта. Йæ зæрда.мæ дзы цы фæцыд, цы дзы бауарзта, ууыл æгас комбæстæ дæр дис кодтой. Нозтимæ æнгом нæ уыдтæн æмæ нырма кæрты мæ- хи Мæдинæтæн афæдзæхстон. Мæди тынг æмбаргæ æмæ зæрдæхæлар сылгоймаг разынд, хицоны узæлд мыл бакодта æмæ мæ нозтæй кæй бахызтаид, уый тых- хæй мып фидар дзырд радта. Цæл дарддæр цыдис. Датто-иу алыхатт кувыны рæс- тæджы йæ бынатæй сыстад æмæ-иу, йæ куывдæн даргъ бацæуæн саразгæйæ, архайдта, цæмæй уазджыты бацы- мыдис кодтаид. Иоскъа алы рæгъ дæр бышюзт кодта, фæлæ-иу мæымæ алыхатт дæр тыххатыд бахъуыд. Иу- ахæмы мæ фæхатыд, Даттойы фарсмæ чи бадт, уыцы ставдгалстукджын, сырхцъар лæппу-лæг æмæ Иоскъа- мæ бадзырдта: — Фæрсын аипп ма уæд, фæлæ ма нын де ’мбалы бæстондæр куы базонгæ кæнис, чи у, цы лæг у, стæй нуазгæ цæуылнæ кæны, уый бæрæг ын нæй? Иоскъа мæ алкæмæн æмхуызон базоигæ кодта, æмæ ма фæстаг хатт йæ ныхæстæм бафтыдта: «Æйттмардзæ лæппу у, фæлæ ма нуазгæ хуыздæр куы кæнид, уæд æй: 98
не сиахс бакæниккам», — æмæ, хинæйдзаг худт бакæн- гæйæ, нырма Даттойы ’рдæм, стæй та йæ мадмæ бакаст. Иоскъа хъуыддаг афтæ кæй сæргом кодта, уый мын тынг хъыг уыд, фæлæ мæ цы бон уыд. Датто уайтагъд йæ цæстытæ фæирд кодта æмæ, ба- рæй карз цæстæнгас æвдисгæйæ хъæрæй загъта: — Уыдон мæнг ныхæстæ сты. Æз ме сиахс бакæн- дзынæн, æрмæстдæр нозтæй мемæ чи схæца, мæп чи фæрасыг кæна, ахæмы. Уазджытæ бамбæрстой хъуыддаг æмæ æмхуызонæй Разиаты ’рдæм акастысты. Фæлæ уый цыма хъусгæ дæр ницы фæкодта, йæхи афтæ дардта: уаты фаллаг къуы- мы æвгты къæрмæджытæ æфтыдта. — Иугæр афтæ у, уæд дын æнæнуазгæ нал у, — мæ агуывзæ быннозт бакæнынмæ мæм æрхатыдысты уаз- джытæ. Уайтагъд мæ уæлхъус æрбалæууыд Мæди. Разиат дæр сæны авг фынгыл æрæвæрынмæ рахаста. Æз Мæ~ дийæн мæхи афæдзæхстон. — Дзырд уæ куы ракуырдтон, — лæгъстæгæнæгау ын загътон æмæ дзы мæ цæстæнгасæй домдтон, цæмæй мын нуазын ма бауагътаид. Фæлæ мыл адæм схор-хор кодтой. Мæдиимæ кæй дзырдтон, уый кæд иттæг хорз зыдтой, уæддæр Разиат нæ уæлхъус кæй æрбалæууыд,, уымæ гæсгæ ныхас уый æрдæм аздæхтой. — Ничи йæм кæсы, цытæ уæнды! Нырма ныртæккæ æрбахызт къæсæрæй æмæ чызгæй дзырд домы. Æппын дзы цæсгом нал хъæуы! Науæд дын чи радта ахæм бар- тæ? — мæ фæкъæмдзæстыг кæныныл архайдтой уаз- джытæ. Фынгыл хъæр, хъæлæбайы йеттæмæ ницыуал хъуыст. Разиат уайтагъд фæсырх, сæны авг фынгыл авæрдта æмæ дуарæп феддæ. Миййаг æз дæр куы фæкъæмдзæс- тыг уыдаин, уымæй тæрсгæйæ Мæди ме ’вварс фæхæ- цыд. — Сымах кæй фæкъæмдзæстыг кæнат, ахæм сиахс махæн нæй, стæй йыл тых дæр ницæмæй фæуыдзыстут* нозтæй дæр. Мæди кæд нозтæй мæн бахизынмæ цæттæ уыд, уæд- дæр мын мæ агуывзæ байдзаг кодта æмæ уазджытæн дæлгоммæ ныхасæй загъта: — Уæртæ мын ме ’фсин лæгъстæ кæны, мæ сиахса- гæн, дам, мын мæ нуазæн бадар, — æмæ Разиаты мад- мæ йæ цæст фæныкъуылдта. 99
— Æмбæлы, æмбæлы! —æмхъæлæсæй сдзырдтой уазджытæ, уыцы нымæцы Лало йæхæдæг дæр. Адæмы бирæ нал фенхъæлмæкæсын кодтон. Уай- тагъд сыстадтæн, бæрц дзырдæй акуывтон мæ фысым- тæц æмæ мæм цæмæй ногæй уайдзæф мауал æрхау- даид, уый тыххæй мæ агуывзæ быннозт бакодтон. — Æфсæрмы ма кæн. Мæнæ ацы уæливыхтæ Рази- аты мады конд сты, хъæутæй сæ æрхаста, фен-ма дзы, кæддæра куыд хорз сты, — йæ къух мæ уæхскыл æрæвæр- гæйæ мын мæ хъусы дзурæгау сабыр рæвдауæн хъæлæ- сæй дзырдта Мæди. Мæнмæ æцæг диссаджы адджын фæкастысты уазал уæливыхы кæрстытæ. Уыдон ирон уæливыхæй хицæн кодтой, æрмæстдæр сæ Мæди Разиаты мады конд кæй рахуыдта, уымæй. Афтæ мæм уæлдай æхцон нуазинаг фæкасти, Разиаты мады пуазæн кæй рахуыдтой, уыцы сæны агуывзæ дæр. Уый уыдис Разиаты бинонтимæ мæ хицондзинады фыццаг къахдзæф. Раст зæгъгæйæ, Даттойы характер- тæ мæ зæрдæмæ нæ цыдысты, фæлæ уый мæнæн уæлдай нæ уыд. Мæнмæ æвзæр цæстæй нæ каст æмæ ма уыимæ Разиаты æфсымæр кæй уыд, уый мæнæн фаг уыд. Æз Даттотæм хæрз стæм хатт æфтыдтæн. Разиаты тыххæй æппæты фыццаг мæ гуырысходзинад раст куы рауад, уæдæй фæстæмæ мæ сæры сæвзæрд иу хъуыды: æппæтæй дæр бафæлварон Разиаты æмæ ма дзы исты чъизидзинад куы рахатон, уæд ма цы пайда у йæ би- нонты мæхиуыл стухын! Ахæм зондахастимæ æз Разиа- тимæ цыдтæн фынддæс мæйы бæрц. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, хъаны царды адæймаг нæ хаты рæстæджы цыд. Иры хæхты ’хсæн бæлæстæ дык- каг хатт куыд сбур сты, æмæ сæ мæ цæсты раз дымгæ дыууæ хатты хуыснæгау куыд давта, уый нæ рахатыд- тæн. Ацы рæстæджы дæргъы Разиат мæ хъыджы никуы ницæмæй бацыд. Иæ уаг, йæ зондахаст, йæ рæсугъддзи- надæй мын мæ цард афтæ схуызджын кодта, æмæ зæр- дæ æдзух цины малы ныгъуылди. Разиатимæ нæ цард сиукæнгæйæ, æндæр ранмæ фæцæуыныл хъуыды мæ сæрæй раджы аппæрстон. Æз цы Разиаты базыдтон, уый искуы æнæаив ми бакодта, зæгъгæ, ууыл ахъуыды кæнын дæр мæм йæ разы фыдракæндау каст. Бынтон æнкъарæнджын зæрдæйы хицау разынд Ра- зиат, æнæхин, комкоммæдзураг, коммæгæс, мæ фæндыл 100
дыууæ никуы загъта. Фембæлд-иу ын куы нысан код- тон, уæд-иу цыфæнды æнæвдæлонæй дæр «нæ» никуы загъта. Æз дæр æппæт амæлттæй мæхи хызтон, цæмæй, Разиатæн хъыг цы уыдаид, ахæм мацы сарæзтаин. Чизоны мæ мæ уарзондзинад куырм кодта, фæлæ мæм афтæ кастис, цыма Разиат удæй дæр бæрæг сбæр- зонд. Æгас поселочы адæм иттæг хорз уыдтой нæ хæ- лардзинады рæсугъд фæстиуæг, æмæ мæнæн цы хатын хъуыд, канд мæ коллегæ нæ, фæлæ ма æппæт зонгæтæ дæр Разиатæн кæддæриддæр кад æмæ æгъдауыл салам кæй лæвæрдтой, уый. Æппæты фыццаг Разиатимæ цæуын куы райдыдтон, уæд мын кæд Герсан æмæ ма ме ’мбæлттæй иу-цал- дæр бауайдзæф кодта, уæд мын ныр ме ’нтыстдзинады тыххæй æппæт зонгæтæ иууылдæр арфæтæ кодтой. Разиаты кæд мæхицæн æнхъæл дæр нæ уыдтæн, кæ- рæдзийæн уыцы даргъ рæстæджы иунæг уайдзæф дæр никуы бакодтам, уæддæр ын фæстаг рæстæджы райстон йæ хъыг. Æмæ цæмæн! Азымджын нæ чи уыд, уый рахатын мæ бон’нæ бацис. Уыдис фæззыгон хъарм, æнæдымгæ изæр. Цыдæр зæрдæрхæндæг уыдтæн. Æгас къуыри дæргъы мæ куыс- тæй мæ зæрдæ нæ барухс. Шахтæйы не сгарæн фады- джы хохы фæлтæрты алы ранæй дон цыхцырау тыд- та æмæ ма уымæн дæр ницы уыд, фæлæ дзы цы згъæр зынд, уый нæ уыд къæдзæх гæрдыны аккаг. Æппæт уыдæттыл хъуыдыгæнгæйæ ноджы тынгдæр тыхст мæ зæрдæ æмæ поселочы фæзуаты ’рдæм мæхи раирхæфс- тон. Афишæйыл бакастæн, зæгъгæ, ирон кафт æмæ зар- ды ансамбль клубы æвдисдзæн концерт. Мæ зæрдыл æрбалæууыд Датто æмæ Мæдинæт уый размæ бон улæфынмæ кæй ацыдысты. Уыптагъд мæ фæндаг Даттотæм скодтон Разиаты феиынмæ. Концерт- мæ йемæ ацæуын уыд мæ фæнд. Дуар куыддæр бахостон, афтæ мæм Разиат мидбыл- худгæ ракаст. Уыцы худгæ цæстæнгас мын мæ фæлмаст, ме ’рхæндæгдзинад, хъарм зæххыл æрхауæг миты тъы- фылау, атайын кодта. — Ныры онг дæр цæуылнæ фæзындтæ? Æвп нæма зоныс хицау дæр æмæ æфсин дæр ам ныр мæхæдæг кæй 101
дæн! — дзырдта мын Разиат хъæлдзæгæй æмæ мæ мæ цонгæй мидæмæ æрбаласæгау кодта. Цыдæр дзæбæх зæрдæйыл кæй уыд, уый бæрæг уыд. Æз дæр бацар- хайдтон, цæмæй йын йæ зæрдæйы уаг ма фесæфтаин. — Дæхæдæг зоныс æмæ дæ лæджыхъæд! — хъазгæ- æмхасæнæй йын загътон. — Æз дæ хъазгæ æппыпдæр нæ кæнын. Мæ бон у ныртæккæ дын хæринаг ацаразон. Фен, кæддæра куыд адджын хæринаг аразып зопын. Нырма уæддæр мæ ар- мæйдзаг куы никуы бахордтай, — загъта Разиат æмæ мæ стъолы фарсмæ æрбадын кодта. Тынг æхсызгон мын уыдысты Разиаты ныхæстæ, æцæг- дæр хæдзардзин, бинонтыл хæцæг сылгоймаджы ны- хæстæ... Фæлæ мæм уæддæр мæхи аирхæфсынæн кон- цертмæ ацæуын хуыздæр фæкаст æмæ йын мæ хъуыды бамбарын кодтон: — Фод дæ бар, фæлæ ахсæв клубы дзæбæх концерт уыдзæп æмæ уырдæм дæр куыд нæ байрæджы кæнæм, •афтæ бакæкæм. Разиат уæлдай ницыуал сдзырдта, фæлæ цæуылдæ]? фæгуырысхо. Хорз, кæд нæ байрæджы кæниккам, зæгъ- гæ, бакодта æмæ фынæйгæнæн уатмæ бацыд. Уайтагъд дзы ног «Фидиуæг» рахаста, мæ разы мын æй авæрдта, «истытæ уал акæс», зæгъгæ, мын загъта æмæ йæхæдæг хæринаггæнæн уаты фæмидæг. Æцæгæлон, фæлæ мæ зæрдæмæ иууыл хæстæгдæр чи уыд, уыцы уаты иунæгæй мæхи банкъардтон. Ацы уаты æз цалдæр хатты уыдтæн, фæлæ мæм ацы хатт цыдæр æндæр, райдзастдæр каст. Уаты сыгъдæгдзинад, æмбæлон бынаты алы дзауматы равæрд дæр мын Ра- зиаты хæрзæгъдаудзинад мæ зæрдыл лæууын кодта. Хæринаггæнæнæй мæм мигæнæнты хъæлæба хъуыст. Нал фæлæууыдтæн æмæ куыддæр æнæрхъуыдыйæ Ра- зиаты ’рдæм базылдтæн. Электры пецыл уæлибыхы цъыс-цъыс цыд. Разиат цыдæр райгондæй архайдта хæ- ринæгтимæ. — Дæуæн цы цæрдæг æфсинаг ис, ахæм дунетыл дæр не ссардæуыдзæн, — дзырдта мын Разиат хъазгæ- йæ æмæ мын йе ссадæй дзаг æнгуылдз мæ уадулыл асæрфта. — Гъемæ дæм æз дæр авд хохы æддейæ уымæн æр- цыдтæн! —уыд мæ дзуапп. Разиат хæринæгтæ иугай-дыгай фынгмæ хаста. Фæс- тæдæр йе ссадæйдзаг халат аппæрста, æндæр сыгъдæг 102
æнæдыс халат æрбакодта йæ уæлæ æмæ нæ дыууæ дæр фæрсæй-фæрстæм æрбадтыстæм фынгыл. Чызг чысыл авджы ахуырст арахъхъæй дыууæ чы- сыл агуывзæйы байдзаг кодта æмæ мыи дзы иу мæ разы æрæвæрдта. — Æз дын уæлибыхтæ кæныны мæ дæсныйад фенын кодтон, мæн та дæ куывтытæм байхъусын фæнды. Ды мæ уæлибыхтæ гæнгæ куыд никуы федтай, æз та дæ кувгæ афтæ никуы федтон, — загъта Разиат æмæ мæм фæлварæгау æрбакаст. Разиаты фæндоныл мын уæлдай зæгъæн нал уыд. Фæлæ цæй тыххæй ракуывтаин, уый нæ арæхстæн. Æваст рудзынджы фале æгомыг къæдзæхтыл схæцыд мæ цæст æмæ мæ сирвæзт: — Уæлæ нæ хæхты цæрæнбон бирæ уæд, сæ хæзна- тæ æвидигæ уæд, дунейыл ноджыдæр сæ ном цы ныхъ- хъæр уа, уыцы амонд сæ уæд! — загътон æз æмæ мæ агуывзæ Разиаты агуывзæимæ бакъуырцц кодтоп. — Оммен!—мæ куывдыл йæ къух бафыста мæ фы- сым æмæ арахъхъæй иу дзыхыдзаг ахуыпп кодта. Æз мæ агуывзæ быннозт акодтон, Разиатмæ цалдæр хатты бахатыдтæн, фæлæ дзы нал банызта. — Дæу тынг фæнды, нозтуарзаг æфсин дын куы уа- ид, уый? — бынтон серьезон хуыз æвдисгæйæ мæ афар- ста. — Æфсин йæхæдæг куы аназы, уæд рæдаудæр вæй- йы, —хъазæн хуызы йын дзуапп радтон. — Æз нæ уарзын, сылгоймаг куы аназы æмæ йыл стæй куы фæзыны, — загъта Разиат, цыма мын мæ хъазæн ныхас хъусгæ дæр нæ фæкодта, уыйау. — Расыг кæнын нæ дæр нæлгоймагæн у кады ны- сан, — мæ хъуыды æргомæй загътон æз дæр æмæ мæ цонгыл сахатмæ æркастæн. — Æрмæст ма фынддæс минуты баззад концерт рай- дайынмæ, — Разиаты зæрдыл æрлæууын кодтон, кон- цертмæ цæуын нæ кæй хъуыд, уый. Разиат куыддæр фенкъард, йæ къухы цы уæлибыхы къæбæр уыд, уый фынгыл æрæвæрдта æмæ æнæсдзур- гæйæ фынгæй растадис. Кæй йæ нæ фæндыд, уый уай- тагъд фæфиппайдтон, фæлæ ма йæ уæддæр афарстон: — Нæ дæ фæнды, уæд лæууæм! — Кæд дæу зæрдиагæй фæнды, уæд æз ныртæккæ скæндзынæн мæ пысултæ. Æз дæ фæндыл нырма æнæ- сразы никуы фæдæн. Ныр дæр иугæр дæуæн мемæ ба- 103
дынæй концерт зынаргъдæр у, уæд æз ницы уал зæгъæг дæн, — ацы æлхыскъ ныхасы бынтон æргом кодта йе ’вæндондзинад. Мæнæн цы фæхатын хъуыд мæ рæдыд! Ме ’нæр- хъуыдыдзинады тыххæй мæхи хордтон. Разиат, йæхи загъдау, мæ дзырдыл пырыонг дыууæ иикуы загъта, фæ- лæ цы бакæна, уымæн æппæтæй зынаргъдæр мемæ ба- дын, мæнæн фысымиуæг кæнын у. Æнæуи дæр æхсыз- гон кæцы фысымæн уыдзæн, куы йын зæгъай дæ фын- гыл бадынæй мæм æндæр искæцы хиирхæфсæн хуыздæр кæсы, зæгъгæ. Цы мæ бои уыд, уымæй Разиатæн мæхи сраст кæны- ныл æмæ уымæн йæ зæрдæ балхæныныл архайдтон... Ног байдзаг кодтон мæ агуывзæ, авг ма Разиаты агуыв- зæмæ дæр фæкъул кодтон æмæ та ракуывтон: — Мæн фæнды ацы рæсугъд хæхтæ цæрынæн чи равзæрста, уыцы ’хсарджын фыдæлты рухс номы тых- хæй баназын. Æгæндæг хæхтæ, лæбырд къæдзæхты йет- тæмæ дзы ницы ис, фæлæ æз æппындæр нæ бæллын хуыздæр, бæллиццагдæр Райгуырæн бæстæмæ. Мæ агуывзæ æмбисы онг анызтон. Разиат дæр ра- куывта. Æхсызгон мын уыд, ногæй та йæм йæ хъæлдзæг зæрдæйы уаг кæй æрыздæхт, уый. — Уæдæ нуазæм, зæгъгæ, нæ? — афарстон Разиаты. — Ды мæ æппындæр куы нæ ’мбарыс, Мухтъар. Æз нуæзт æппыидæр нæ уарзын, стæй ды баназай, уый дæр мæ нæ фæнды, мæн æрмæст уый фæнды, цæмæй ис- тæй æфсон ныхæстæ кæнæм, нæ зæрдæты цы ис, уыдон æргомæй фæдзурæм кæрæдзийæн,—уырнынгæнæг хъæ- лæсæй мын загъта Разиат. Раст зæгъгæйæ, ныры онг Разиаты рæстмæ нæма бамбæрстон. Йæ уды рæсугъддзипад та мын мæ зæрдæ бацагайдта. Ацы фембæлдæй раргом кодта, ныры онг мын æнæзынд чи уыд, йæ зæрдæйы ахæм ног хурдзыд миниуджытæ æмæ мах бирæ фæбадтыстæм, бирæ га- джидаутæ фæуагътам. Æцæг нæ разы иу æрдæг авг хæдзарон арахъхъы йеттæмæ ницы уыд нозтæй. Рази- ат-иу дзы кæнæ йæ был атылдта, кæннод та-иу дзы иу хуыпп акодта æмæ та-иу агуывзæ фыпгыл æрæвæрдта Æз уæддæр мæ агуывзæ арæх æрдæджы онг нуæзтон. Æниу мæм Разиат хатгæ æппындæр нæ кодта, фæлæ нуазынмæ бынтон æнæсæрæн кæй уыдтæн, уый раргом кæнын мæ нæ фæндыд Разиатæн. — Цæй, Разиат, иу гаджидау ды дæр рауадз, чизо- 104
ны дæ куывд хуыцаумæ фехъуыса æмæ дын дæ куырди> ат сæххæст кæна, — загътон Разиатæн хъазгæйæ. — Æмæ уæд цæуылнæ акувдзынæн. Афтæ æнхъæлыс нæлгоймæгты йеттæмæ рæсугъд гаджидау уадзын ни- чи зоны? Æз бирæ куывтытæ зонын, фæлæ ныртæккæ мæнæн иууыл сæйрагдæр чи у, æрмæстдæр уый тых- хæй кувын. Цæй, уæдæ æз хуыцауæй иунæг хæрзиуæг курын: нæ уарзондзинад æнусон цы уа, дунейыл кæд нæ, уæддæр нæ чысыл къуымы алкæмæн цæвиттойнаг цы уа, уыцы арфæ нын йæ цæст бауарзæд! — æхцон мид- былхудт хъазыд Разиаты цæсгомыл, бынтон æнæлаз, æнæхин. Æз дæр мæхирдыгонау сфæлхатт кодтон Разиаты хъуыдытæ. Бирæ фæбадтыстæм, гаджидауты ’фсон бирæ зæр- дæбын ныхæстæ фæкодтам æмæ фæстагмæ нæ бæркады тыххæй акуывтам. — Кæсыс, куыд бæркадджын æфсин дæн, изæрса- рæй нырмæ нуазæм, гаджидау гаджидауы фæдыл уа- дзæм, уæддæр ма нæ нозтæй иу-цалдæр уазæджы ба- хынцдзыстæм, — авджы бын аззайæг нозтмæ амонгæйæ дзырдта Разиат. — Комкоммæ зæгъгæйæ Сатана, — дзуапп ын рад- тон æмæ фынгæй растадтæн. — Цæугæ кæныс, миййаг? Чысыл уал аныхæстæ кæ- нæм, æвиппайдæй мæ зыбыты иунæгæй куыд уадзыс! — загъта Разиат æмæ мæ фæлмæн диваныл æрбадын код- та. Разиатæн загътон, æнæуи дæр цæуынвæнд кæй нæ- ма кодтон, æмæ йæм цалынмæ фынæй кæнын цæуа, уæдмæ йæ цуры бадынмæ æмæ ныхæстæ кæнынмæ цæт- тæ кæй дæн. Рæстæг диссаджы тагъд аивгъуыдта. Дыууадæс са~ хатæй ахызт, фæлæ мæ Разиаты цур хуыссæг æнцонтæй не ’рцахстаид. Разиат куыддæр фынг æфснайд фæцпс, афтæ йæхæ- дæг дæр мæ фарсмæ æрбадт. Ног та нын бацайдагъ зæрдæбыы ныхæстæ, сомбоны царды фæндтæ. — Æдзух мæ демæ фæнды, Мухтъар, æхсæв фыны дæр уæ хæдзары вæййып. Нæ сомбоны цард иумæ тагъд- дæр саразæм, уый мæ фæнды, фæлæ дæу... дæу... нæ зонын... — дзырдта мын Разиат мæ риуыл йæ уæздан сæр сæвæргæйæ. Йæ ныхæстæ мæм цыдæр чъызгæ уай- дзæфау фæкастысты. 105^
Æз куыддæр арф сагъæсты аныгъуылдтæн. Разиат мын раст кæй уайдзæф кодта, ууыл æппындæр нæ фæ- гуырысхо дæн. Зæгъын ын мæ бон ницы бацис, æнæ- дзургæйæ йæ мæхимæ æнгомдæр æрбалвæстон æмæ цы- ма мæ азым уымæй сраст гæнгæ уыд, уыйау ын мæ былтæй йæ тæнæг былтæ ацагуырдтон. Уайтагъд æй суадзинаг уыдтæн, фæлæ мын чызг æваст йæхæдæг дæр мæ хъуырыл йæ дыууæ гом цонджы æрбатыхта, уæгъд мæ нал суагъта, гæдыхъæдау ризгæ мæ йæ тых, йæ бо- нæй æлхъывта йæхимæ, йæ уадултæ, йæ къуыбыр риу- тæ мын мæ буар цырагъау сыгътой... — Дæхимæ фæкæс! — сæнт хъæр ыл фæкодтон æмæ йæ мæхицæй атыдтон. Чызг диваныл дæлгоммæ фæлдæхтæй уадзыгау лæу- уыдис. ÆГЪУЫССÆГ ÆХСÆВТÆ Куыддæр, йæ дыккаг райсом, куыстмæ цæугæйæ шахты управлеиийы агъуысты цурмæ бахæццæ дæн, афтæ мыл Бондарев хæрхæмбæлд фæцис. Æваст йæ цæстытæ цинæрттывд фæкодтой. Салам радтыны фадат дæр мын нал радта, афтæмæй мын, йæ рахиз къухæй мæ цонгмæ бавналгæйæ, загъта: — Æз ма дæу куы агуырдтон. Ныртæккæ Герсаны фен æмæ дын æндæр сгарæн объектмæ æдзæугæ нæу. Мæнæ ам, æввахс хохыл ис, ардыгæй дæс километры дæрддзæгæй фылдæр нæу, зивæг дзы нæ хъæуы, иу мæймæ фæстæмæ æрыздæхдзыстут. Республикæйæ æр- выст гсологты къорд куыд æнхъæлы, афтæмæй дзы ног æрзæт зыны æмæ сыи хъуамæ баххуыс кæнæм. Уыцы хъуыддаг ныридæгæн, цалынмæ мит не ’руарыд, уалын- мæ хъæуы бакæпыи. Уыцы бон Герсанимæ хъуыддаг лæмбынæгдæр ас- къуыддзаг кодтам. Æз кусынмæ нал ацыдтæн, мæхи балцы цæттæ кодтон. Æрмæстдæр сабат боны изæрæй дарддæр алæбон дæс киломстры цæуын зын уыдаид, уымæ гæсгæ æхсæвиуат, кæй зæгъын æй хъæуы, уым кодтаиккам, хæринаг-иу хуыцаубоны къуыриваг хъуа- мæ хастаиккам нсмæ. Уазал афон кæд нæма уыдис, уæддæр изæрырдæм фæззыгон дымгæ уæнгты хызтис, къухтæ сыдысты. Æз мæ палто скодтон, скъаппы лагъзæй райстон, æрæджы 106
мып мæ мады хо цы сæрак æрмкъухтæ балæвар код- та, уыдоп, ме ’рмттыл сæ бакодтоп æмæ Разиаты ’рдæм рацыдтæн. Иу къуыри йæ кæй нал федтаин, уый хат- гæйæ мæ фæндыдис, цæмæй йын скъоламæ ацæуыны агъоммæ мæ ног куысты уавæртæ радзырдтаин, къуы- рийы æмгъуыдмæ йын хæрзбон загътаин. Дуар бахойгæйæ мæм æнахуыр чызг ракаст. Æз фсстъæлфæгау кодтон. Чызг уайтагъд фæхатыд мæ гуырысходзннад æмæ мæм худгæйæ сдзырдта: — Мидæмæ рахиз, мидæмæ! Цыдæр зонгæ хъæлæсы хуызæн мæм фæкаст, йæ цæсгомы æнгæс дæр мын мæ зæрдыл кæйдæр лæууын кодта. Салам ын радтон æмæ йæм цыдæр æнарæхстæй мæ къух бадаргъ кодтон. Цыма рагон хæлæрттæ уыдыс- тæм, уыйау мын мидбылхудгæйæ мæ армыл йæ арм æртъæпп кодта, стæй мын æй ахъаззаг нылхъывта. — Ныры оыг дардæй зыдтам кæрæдзи, чизоны мæ ды нал дæр хъуыды кæныс, фæлæ дæ æз тынг хорз зыдтон. Ныр та ноджы æввахсмæ базонгæ уæм. Æз Мæдийы хо дæн, Хандзериффæ. Уайтагъд мæ зæрдыл æрбалæууыд ивгъуыд азы сæр- ды ацы хæхтæм мæ балцвæндаг. Чызг мидæггаг уатмæ хæрзæггурæггагау бадзырдта: — Дæ кавалер-æрбацыд æмæ зымæг йемæ æрбахас- та. Разиат мидæгæй кæй уыд, уый уайтагъд фæхатыд- тон, фæлæ мæм æддæмæ кæй нæ ракаст, ууыл фæдисау дæн. Уайтагъд мидæггаг уаты сынтæгыл хуысгæйæ, ауыдтон Разиаты. — Цы дæм рауад, рынчыи дæ миййаг? — фæджихау дæи æз. . — Куы йæ фæрынчын кодтай, — дзуапмæ Хандзе- риффæ фæраздæр ис. Хандзериффæйы ахастытæ мæ зæрдæмæ нæ фæцы- дысты, фæлæ сын æз цыма ницы нысаниуæг лæвæрдтон, афтæ равдыстон мæхи. Йæ ныхас ын кæд хъазынмæ айстон, уæддæр æй æнæбары афарстон: — Æз æй цæмæй фæрынчын кодтон? — Уæддæр дæу аххос у. Кавалер сæрæн куы уа, уæд барышнæйæп рыичынгæнæи иæп. — Рынчын кæд у, уæддæр йæхи аххос у. Ныртæккæ хæдзары æфсин йæхæдæг у, йæхимæ нæ базылдис æмæ йын æз цы саразон, — загътон æз хынджылæгæй. 107
— Рынчын ницы дæн, æнæуи æфсон кæнын, — сдзырдта Разиат æмæ цыма мæ цæстмæ кодта хъазæн ныхас, афтæ мæм фæкастис. Иæ цæсгом уыдис бæрæг фæлурсдæр, йæ цæстытæ фæллад каст кодтой. — Мæнæн бахатыр кæнут, чизоны уæ æз хъыг да- рын, — загъта Хандзериффæ æмæ, Разиатмæ бакæсгæ- йæ, йæ мидбылты хинæйдзаг худт бакодта. Мæнмæ аив нæ фæкаст, йæ ацыды аххосаг нын æрго- мæй кæй расидтис, уый æмæ йæм бахатыдтæн: — Цытæ дзурыс, Хандзериффæ, мах тыххæй макуы- дæм тагъд кæп, пырма фыццаг хатт миййаг пе ’мбæлæм кæрæдзнйыл. — Æцæг æз æхсæвæй кусын æмæ ныридæгæп куыст- мæ æрæджы кæнын куы сахуыр уон, уæд хъуыддаг хорз нæ рауайдзæн, — загъта ма æмæ дуары ’рдæм рацыд. Йæ цæуыны дыууæ аххосагæй кæцы растдæр уыд, уый зын рахатæн уыд. Дуармæ асины онг йæ фæстæ рахызтыстæм. — Дуармæ ма рахиз, Разичкæ, уазал дæ бацæу- дзæн, — бафæдзæхста Разиатæн, хæрзизæр ма мын загъта æмæ рацыд. «Разичкæ», зæгъгæ, йæ ныхас мын мæ зæрдæ аса- джилтæ кодта, мæ цæстыл ауад, Разиатимæ ныхæстæ кæнгæйæ, фыццаг хатт хæххон цехы цы лæппуйы фед- тон, уый æпæфсарм дзæнгæда. Разиатимæ мидæмæ бахызтæн, йæ хъуымбыл сæры хъуынтæ йын мæ къухæй рæвдаугæ æрлæгъзытæ код- тон. Уый æгомыгæй лæууыдис. О, рынчын уыдис Рази- ат, тæвд æм уыд, чизоны стгæ дæр ме ’фсæрмæй скод- та. Схуысс фæстæмæ дæ уаты, зæгъгæ, архайдтон ыл, фэелæ не сразы ис. Чизоны ме ’фсæрмæй нæ хуыссы, ахъуыды кодтон æмæ рацæуын хуыздæрыл банымад- тон. Мæ палто скодтон, ме ’рмкъухтæ мæ галиу къухы райстон æмæ дуары ’рдæм рацыдтæн. Разиат йæ палто æрбауæлæфтау кодта æмæ кæртмæ мæ фæстæ рахызт. Дзæбæх æрталынг ис. Фæззыгон мигътæ арвыл цоп- пап кодтой. Уазал дымгæ йæ футтытæй ие ’пцад. Разиатæн мæ балцы хабар радзырдтон, бафæдзæхс- тон ын æнæмæн куыд нæ æнкъард кодтаид. Уый ницы загъта, йæ уæхсджытыл хæрдмæ схæцыд. Уазал ын кæй уыд, уый æз фæхатыдтæн æмæ йын загътон: — Аздæх фæстæмæ, ахæм уазалы æпæниз адæймаг дæр фæрынчын уыдзæн. Сом изæр дæр мауал ацу скъо- 108
ламæ, дæхи бавæр. Æрмкъухтæ дын нæй? — афарстон æй фæстагмæ. Нæйы нысанæн чызг йæ сæр банкъуыста. — Мæнæ, гъа, уыдон бакæн дæ къухтыл. Стыртæ дын уыдзысты, зонын æй, фæлæ цалынмæ æрыздæхон, уæдмæ сын ницы у, зæрдылдарынæн дæм уæддæр уæнт. Æз дæр-иу дæ хуыцаубонты абæрæг кæндзынæн. Æрмкъухтæм кæсгæ дæр не ’ркодта. Дæхи бахъæу- дзысты, зæгъгæ, загъта. Æз æм нæ байхъуыстон, йæ палтойы дзыппы йын сæ нывæрдтоп. Иемæ ныхас кæ- нын мæ кæд тынг фæндыд, уæддæр æй, суазалæй тæрс- гæйæ, фæстæмæ хæдзары дуары онг мæхæдæг бахизын кодтон æмæ йын хæрзæхсæв загътон. Мæ зæрдæ куыддæр ныддур, йæхимидæг тыхстис, цыдæр мын нæ фаг кодта, кæдæм ацыдаин, мæхи цы фæкодтаин, уый нæ зыдтон. Цæмæн афтæ уыдтæн, цæ- мæн мын уыд ахæм зæрдæйы уаг, ууыл мæхæдæг дæр кæд бирæ фæхъуыды кодтон, уæддæр йæ рахатын мæ бон нæ бацис. * * * Чизоны, Разиаты рынчын, æнкъардæй кæй уагътон, уый аххос уыд мæ зæрдæйы æрхæндæгдзинад. О, уый аххос уыдаид, æвæццæгæн, мæн уарзы, иумæ тагъддæр куы бацæриккам, уымæ бæллы, æз та арæх мæ куыс- тыл фæвæййын, рæстмæ йæм мæ хъус нæ дарын. Ныр дæр та мæйы æмгъуыдмæ цæуын. Æвæццæгæн ын тынг хъыг уыд, кæй дзы хицæн кодтон, уый. Бынтон ницы сдзырдта. Хæрзæхсæв ын загътон, уый мæм цыдæр са- гъæссаг цæстæй æрбакаст. Фæстаг хатт ып пъа дæр нæ акодтон, уый мæнæн ныббаринаг у? Æниу хъуыдис? Разиат рынчын уыд, мæ пъа йæ не ’ндæвта. Нæ, пъа кæнын, æвæццæгæн, нæ хъуыдис. Фæлæ миййаг йæ тæвд ног уæлæмæ куы схиза. Æй, арæбын, тæвды хостæ дæр ын иæ балхæдтон, æгæрыстæмæй дохтырмæ бацыдаид, уый дæр ын нал бафæрæзтон. Фæлæ, цæй, хуыцаубоны та йæ кæд фенин, — ахæм хъуыдытимæ цыдтæн, нæ дзаумæттæ æмæ æнæмæнгхъæуæг механизм чи ласта, уыцы чысыл цæлхджын уæрдæтты фæстæ нæ нысан- гонд бынатмæ. Уый размæ бон кæд уазал дымгæтæ фудтытæ код- той, уæддæр райсомæй мæ амондæн æнæдымгЗе, рай- дзаст бон скодта. 109
Хæхтыл куыд уæлæмæ хызтыстæм, афтæ нын æрдзы рæсугъддзинад уæрæхæй-уæрæхдæр гом кодта йæ ду- æрттæ. Угертæ къæдз-мæдзытæй хохаг дон чердыгæй цæуы, уым хохы хъæбысы нынныгъуылд мæ фыдæлты цæрæн. Уæртæ хъæугæрон ма ныр дæр музейау баззади мæ фыд Дима кæм райгуырди, уыцы къæс. Рæсугъд, фæлæ æвадат хæхтæ, карз хæхтæ! Иугай-дыгай лыгъдысты быдырмæ, сæ къух пстой хæхтыл, Ирыстоныл. Уæртæ фалдæр фыдæлтыккон рох уæлмæрд. Марды дуртæй чи зæххы бын фæцис, иуæй-иутæ та хæрдмæ хъилæй баззадысты, цыма æрбафтæгæн амыдтой: «Ам стæм, ма нæ ферох кæнут, нæ цот, сымах тыххæй фæ- зыпдыстæм дунемæ, пыббарут ныи, кæд уæ аккаг хъуыддæгтæ нæ сарæзтам, уæддæр. Тыхгæнæджы раз æниу нæ сæр никуы æркъул кодтам, уарзтам иæ хæхты фыдæбон, нæ къæдзæхты уарзондзинад мæрдтæм дæр сыгъдæгæй бахастам». Фыдæлтыккон цыртытæ бирæ фæбæрджытæ кодтон. Чи зопы ам лæзæрынц мæ фыды фыд Калман æмæ уый фыд Бибайы стджытæ дæр. О, улæфут, улæфут. Бирæ фæфыда^бон кодтат ацы къæдзæхтыл. Æрцыди уæм уæ фырт, цæмæй, уæ туг цы хæхтыл фæкалдтат, уый æх- сæв дæр уа бонау рухс, хæдтулгæтæ цæуой иууыл арф- дæр кæмттæм, æгомыг къæдзæхты бын цы хæзнатæ ис> уыдонæй уæ номыл хуынтæ фервита не стыр Райгуырæн бæстæм. Улæфут! Хорзæй баззайут! Радгай мæ цæстьпыл уадысты мæ фыдæлты æп- дæргтæ, мæ фыд кæм райгуырд, уыцы къæс, æнæфæра- зон Разиаты фæлгондз. Æмбисбонмæ схæццæ стæм нæ нысангонд бынатмæ, уыцы бон куыстимæ базонгæ стæм æмæ дыккаг бон уæхскуæзæй æрæвнæлдтам нæ куыстагмæ. Мæ дæсныйадыл уыцы рæстæджы æз дзæбæх са- хуыр дæн æмæ мын ницы уал зын кодта. Уæлдайдæр бурæгæнæн станокыл кусджытæ — æртæ сагсур лæппу- йы чи ’фсæста кусынæй. Фæстагмæ æнхъæл куыд нæ уыдыстæм, нæ хъуыддаг афтæ рæвдз ацыд. Зæрдæ рухс кодта нæ куысты фæстиуджытæй. Лабораторион ирта- сæнтæ куыд бæрæг кодтой, афтæмæй цинчъы ног гуы- рæны арæзт уыд хæрзвадат, æнцопгуыст, йæ процентон хай — бæрзонд. 110
Рæстæг цыдис, бонтæ уазалæй-уазалдæр кодтой, фæлæ нæ куыст дæр кæронмæ хæццæ кодта. Мæнæн ма баззад, æрзæты фæлтæр ныгуылæны ’рдыгæй чердæм цæуы, уый фæбæлвырддæр кæнинагæй, фæлæ рагмит рауарыд æмæ уазалы тыхстыстæм. Уазал уыдис не ’хсæвиуатгæнæн быиат дæр. Æз куыд æнхъæлдтон, уы- мæй бирæ раздæр нæ куыст кæй фæуыдаид, уый бæрæг уыд. Разведкæйы хистæртимæ куыд бауынаффæ код- там, афтæмæй нæ æнцойбонтыл нæ къух ауигъын ба- хъуыд. Аскъуыддзаг кодтам, цæмæй бæрæг бæлвырд хæслæвæрд райстаиккам æмæ поселокмæ æрмæст йæ сæххæст кæныны фæстæ куыд ацыдаиккам. Афтæ дæр бакодтам, æмæ нæ хæслæвæрд ссæдз бонмæ сæххæст кодтам. Ссæдз боны дæр уарзæг зæрдæйæн зын у йæ уарзон адæймаг æнæфенгæйæ, фæлæ ног æмбæлттимæ, уæлдай- дæр гуырдзиаг геологтимæ афтæ схæлар стæм, уыдон алы изæр суанг фынæй афонмæ ахæм зарджытæ æмæ худæн ныхæстæ кодтой, æмæ зæрдæмæ сагъæс æмгæ- рон æрцæуын нал уæндьтд. Разиат алы минут дæр мæ хъуыдыйы уыдис, йæ су- рæт мæ цæстытæй никуы хицæн кодта. Уарзоныл хъуы- дыйæн мын кæд фæскуыст æмгæртты хъæлдзæг ахаст фадат нæ лæвæрдта, уæддæр уый хыгъд æхсæв нæ цух кодта мæ зæрдæйæ. Разиатыл хъуыдытæ-иу мыл æгас æхсæвтæ æгъуыссæгæй бон кодтой. Фæлæ уæддæр уы- мæй æз ноджы æхцондзинад истон. Хуыцаубоны, æнхъæл куыд уыдтæн, афтæ, нал ацыд- тæн поселокмæ. Мæнæн куыст бирæ уыд, нæ мып фæ- цис фадат, фæлæ хæринæгтæ схæссыны охыл посслок- мæ бурæгæнæг Залыкъайы рарвыстам. КусджытаЧ'1 ал- чи дæр зыдта, æз æмæ Разиаты ’хсæн цы иудзннад уы- дис, уый. Залыкъа куы цыд, уæд ын Разиатмæ фыстæг радтоп æмæ йын бафæдзæхстоп, сæрмагоидæп йып æп йæхимæ куыд радтаид, стæй дзы уæд фæстæмæ дзуапп куыд рахастаид. Дыккаг бон сыздæхти Залыкъа, фæлæ мæнæн Ра- зиатæй ницы бæрæг схаста, мæ фыстæг мæм радта æмæ мын загъта, зæгъгæ, Разиаты хæдзары нæ баййæфта. Залыкъа мын куыд радзырдта, афтæмæй уый Разиат- тæм баййæфта, æрæджы поликлиникæйы кæй федта, ну ахæм æрыгон медицинон хойы, мидæгæй ма ауыдта цахæмдæр лæппуйы. Разиат сæрмагонд хъуыддаджы 111
тыххæй горæтмæ ацыд, зæгъгæ, уый дæр æм уыцы лæп- пу радзырдта мидæгæй. Ахæм дзуапп схæссын æнхъæл нæ уыдтæн Залыкъа- йæн. Цыдæр сусæг гуырысхо мын уайтагъд мæ зæрдæ фелхыскъ кодта. Бæлвырдæй уавæр куыд уыдаид, уый раиртасын мæ бон нæ цыд. Разиат хæдзары уыдаид æмæ, фадат уæвгæйæ, бамбæхстаид, ууыл ахъуыды кæ- ньщ уæлдай уыд. Науæд æй йæхи мæнæй сусæг кæнын куы фæндыдаид, уæддæр цæмæй зыдта, Залыкъайы æз кæй барвыстон, уый. Нæ, Разиатæй иу уысм дæр афтæ хъуыды кæнын тæригъæд уыдаид. Мемæ фембæлынмæ- иу æрхъæцмæ чи нал каст, мæ фендмæ тырнгæйæ-иу æрдæг чи фæцис, ууыл дæ зæрдæйы ахæм хахуыр хæсс, уый фыдракæндæй хъауджыдæр нæ уыдаид. Залыкъа цы чызджы кой кодта, уый Хандзериффæ кæй уыд, уый æнæмæнг у, фæлæ ма уыцы уазæг лæппу чи уыдаид, уый бæрæг нæ уыд. Разиат горæтмæ ацыдаид, уый дис- саг нæ уыд, фæлæ цы хъуыддаджы фæдыл ацыдаид, ууыл хъуыдыйæ мæ сæры магъз сдзæгъæл. САУ ÆНДÆРГ Зымæг йæ урс-урсид кæрцы Ирыстоны хæхтæ æмæ къæдзæхтæ бæстон æрнорста. Знои дæр ма æрæгвæз- зæджы дымгæйы ниуд æмæ тымыгътæ чи ницæмæ дард- та, уый ныр хæдзары стыр арты фарсмæ бабадтис. Æцæг зымæджы мæй нæма æрлæууыд, фæлæ ноябры сæлгæ уазал зымæджы бонтæн фæстейæ ницы уагъта. Æхсæвы иуæндæс сахатыл æрхæццæ дæн поселок- мæ. Ме ’мбæлттæ нæ хæссинæгтæ бæхтыл раздæр ра- хастой. Мæ нымæт ме ’ккой скæнгæйæ, æз гуырæй-гуыр- мæ цыдтæн сæ фæдыл. Æгас фæндагыл æвæд миты фæ- цыдыстæм. Кæд дымгæ дыууæрдæм митфæлдзæгъдæн хаста, уæддæр мæнæн, къахæй цæугæйæ, мæ хид калд. Дардæй мæм разынд, электры цырæгътæй тæмæнтæ чи калдта, уыцы раст æмæ уæрæх уынг. Ме ’мбæлттæ кæцыдæр фæзилæны куы фæаууон сты, уæд уынг аф- тид, æнæзмæлæгæй аззад. Цыма цалдæр азы æддæ фæдæн, уыйау цымыдис кæстытæ кодтон поселочы уынгты. Кæм ис афонмæ Разиат! Иунæгæй фæлмæцдзæнис нака дæр. Нана æгæр фыдæбон кæны, ныр уый зæронд, тыхсаст у, йæхимæ йын сывæллонау зилын хъæуы, æз 112
та йын йæ фыдæбон ницæмæ дарын. Нæ, чындзæхсæвы хъуыддагыл фæстæмæ хæцын бынтон æдылы ми у, стæй дардыл чындзæхсæвтæ дæр ницы пайда сты. Уæлдай- дæр Разиаты мæхицæй хуыздæр базыдтон. Æнхъæл куыд нæ уыдтæн, ахæм рæстзæрдæ æмæ хæрзæгъдау чызг дæр ма разынд. Фæлæ ныр цы уавæры уыдзæн? Ме ’рцыды хабар куы зыдтаид, уæд афонмæ мæ размæ дæр рацыдаид, фæлæ æз афтæ æнæнхъæлæджы фæзын- даин, уый кæм зыдта. Уæвгæй, рынчын кæй нал у, уый бæрæг у, фæлæ ныр кæм уыдзæн. Абон сабат бон скъо- лайы нæ уыдаид, æвæццæгæн, хæдзары уыдзæн. Æнæ- мæнгæй йæ ахсæв фенын хъæуы! Фæлæ куыд? Афтæ- мæй йæм бацæуын аив нæу. Фыццаг уал Нанайы фе- нын хъæуы, истæмæй йын йæ зæрдæ балхæнын хъæуы, хатыр дзы ракурын хъæуы, иунæгæй йæ кæй ныууагъ- тон, уый тыххæй. Æцæг мæхи фæндæй нæ ацыдтæн хох- мæ геологты къордмæ, фæлæ мын афонмæ бинонтæ куы уыдаид, уæд уый дæр мæ фæстæ иунæг нæ уыдаид. Æнæмæнг ьш йæ зæрдæ балхæнын хъæуы, стæй уæд Разиаттæм æнæбацæугæ нæй... Фæлæ ма ацафон аив уыдзæн? Æваст, донбыл дыууæ æндæрджы ауынгæйæ, мæ хъуыдытæ фескъуыдысты. Мæ цыд фæсабырдæр код- тон. Бæстондæр сæм акастæн. Чызг æмæ лæппу кæй уыдысты, уый бæрæг уыд. Куыддæр мæ зæрдæ сгуыпп- гуыпп кодта. Фæлæ цæмæн, цы аххосагæй, ууыл ахъуы- ды кæныны рæстæг нæ дæр уыдис. Чизоны Разиатыл гуырысхо кæнын. Æмæ мын уæд цы бындур ис ахæм гуырысхотæн! Æнæхъæн афæдз æмæ æрдæджы дæргъы ма кæд цыдис мæныл гадзрахатæй. Дзæгъæлы гуырысхотæ сæрхъæндзинады нысан сты, зæгъгæ, мæ къух ауыгътон æмæ мæ цыд фæтагъддæр кодтон. Уыцы уысм уыдон дæр фæстæмæ раздæхтысты, чызг ныр ацырдыгæй фæцис: доны ’рдыгæй цæуæг бæр- зонд нæлгоймаджы цонг йæ дæларм кæй уыд, уый зын рахатæн нæ уыд. Талынджы сæ цæсгæмттæ нæ зынды- сты, фæлæ сылгоймаджы палтойы формæ, йæ ас, йæ къæхты айст мып Разиаты лæууып кодта мæ зæрдыл. Мæ цыд ног фæсабырдæр кодтон, бæласы аууон балæууыд- тæн, æцæг мæ уыдон дæр фæфиппайдтаиккой, фæлæ фæндагыл фæцæйцæуæг æнафоны бæлццоны кæм æр- хъуыды кодтаиккой. Аскъуыддзаг кодтон, цæмæй, дзæгъæлы гуырысхоты бæсты, бæлвырдæй хъуыддаг цæй мидæг уыд, уый ба- 8. Нартыхты М. 113
зыдтаии. Мæ пымæт æрбауæлæфтау кодтон, мæ хъус- джын худ мæ сæрыл арфдæр æркодтон, цæмæй мæ уы- дон ма базыдтаиккой æмæ сæм æввахсмæ райдыдтон мæ цæст дарын. Чызг бæлвырд Разиат кæй уыд, уый æз уайтагъд базыдтоп йе сныхасæй, йæ худтæй æмæ ма сæм уымæй уæлдай мæ хъус дардтаин, уый бынтон сæрмæхæссииаг нæ уыд. Куыддæр æмризæджы срызтæн мæхимидæг, бæстæ мыл зилын райдыдта, мæ риу мын цыдæр рыст æлхынцъ кодта. Мæ зæрдæйы сæвзæрд иу хъуыды: тагъд æви æрæг- мæ — æнæфæхицæн сын уæддæр нæ уыд, Разиаты хæ- дзармæ уæддæр бацæуын хъуыд æмæ мын æй уæд æнæ- фенгæ нæ уыд. Æз мæ нымæт мæ хæдзары тыргъы бап- пæрстон æмæ Даттоты кæртмæ бацыдтæн. Бирæ лæууын мæ нæ бахъуыд. Уайтагъд мæ хъустыл кæпдæр къæхты хъæр ауад. Чысылраздæр дардмæ кæ- мæ кастæн, уыцы æндæрг, уыцы къæхты айст æввахсæй- æввахсдæр кодта. Уæдмæ Разиат мæ уæлхъус æрбалæу- уыд. — Разиат! — сдзырдтон æм æваст. Мæ гуырысходзи- над ын нæ равдыстон, цыма йæ ацы уысмы онг уынгæ дæр нæ фæкодтон, уыйау равдыстон мæхи æмæ йыл раздæрау баузæлыдтæн. Æниу мын цы бар уыд, цæй тыххæй йæ хъуамæ фесхуыстанн, цæмæн ын хъуамæ бауайдчæф кодганп. Чидæр пæлгоймагпмæ рачæппыд, уæд та ма йын чи уыд. Науæд ып куы ничи уа, уæддæр’ æвзæрæй цы сарæзтой? Чпзопы йæ исчи рахизын код- та, ныхасгæнгæ донбылмæ азылдысты, уым цы ис дис- сагæй! Науæд æй, чизоны, исчи бауарзта, йæ уарзондзи- над ын раргом кодта, чызджы хъуыды базоиын æй фæн- дыд. Мс сныхасæй чызг фсстъæлфæгау кодта æмæ, йæ дыууæ къухы йæ уадултæм схæсгæйæ, джихауæй каст. — Кæм уыдтæ, дæ хорзæхæй, æз та ма дæ фснынмæ мæнæ уæ хæдзармæ бацæупнаг уыдтæн. Абон раджы æрцыдыстæм, фæлæ мын дæ фепынæн фадат пæ фæцис, мæ дзаумæттæ дæр нæма раивтон, афтæмæй мæ днрск- тор хæххон цехмæ цыдæр тагъд хъуыддаджы тыххæп арвыста. Ныртæккæ уырдыгæй цæуын. Æгайтма дæ æнæнхъæлæджы федтон, иугæр уæ хæдзарæй рухс пал калд, уæд фæстæмæ фæцæпыздæхтæн, — фыццаг хат г фæлывд ныхас загътон Разиатæн. Чизоны нæ хъуыд, фæлæ ме ’ргом ныхасæй куы фæкъæмдзæстыг уыдаид, 114
уымæй тарстæн. — Каем дæ, алæма, æввахсмæ дæ фе- ноп, — йæ цонгыл ын фæхæцыдтæн æмæ йæ фæндаггæ- рон назбæласы аууопмæ бакодтон. Разиат мæм цыдæр æнарæхст каст кодта, цæуыл- дæр кæп тыхст, уын æицон рахатæн уыд, фæлæ йæ æз пицæмæ дардтоп. Чызг кæй суазал, уый бæрæг уыд, йæ къухтæ йæ палтоны дзыппæй нал иста. Уый хатгæнæ йæ мæхпмæ æрбатыхтон. — Æз Хандзерпффæтæм уыдтæп, стыр арт сæм уы- дис æмæ мæ йæ цурæй мæ къах нал хаста,— загъта мын Разиат. Цыма маз пæ иыхæстæ уырныдтой, æви нæ, уый базонын æй фæндыд, уыйау мын мæ цæстытæм æдзынæг кастпс. Æз æм фæхудтæн, йæ сæр ын мæ риумæ æрбалвæс- топ. Ноджы дæр ма йæм фæлывд пыхасæй цы уыд, уый базоыын мæ фæндыд. — Æмæ иунæгæй куы рацыдтæ, уæд нæ тарстæ, уæд та ма дæ исчи аскъæфта? — загътон та йын хъазæн ны- хасы уагæй. — Чи мæ цы кæпы? Хапдзерпффæ мæ хпзып кодта, фæлæ йæ æз нæ рауагътон. Иунæгæй лидзæгау кодтон ацырдæм, æвиппайд тæвд хæдзарæй рацæугæйæ, суазал дæн, — дзырдта мын уый. Æз æй иицæмæй уал бафар- стон, кæй загъта, уыдон дæр йæ фæлывд архайд равди- сыпæн фаг уыдысты. Йæ алы ныхас мын мæ зæрдæ са- джпл кодта; фæлæ йын йæ талынг митæ раргом кæнын мæ цæст уæддæр пæ бауарзта. Æртæ къуырийы бæрц йæ фепынмæ мæ былтæ ’хсыдтон. Ныр мæ бæллиц сæх- хæст, æввахс мæм кæй ис, уымæй мыы мæ зæрдæ уæд- дæр тавы æмæ уал мын уый фаг у. Чизоны аив нæ дæр уыдаид, мæхæдæг цы федтон, уыдон мын куы радзырд- таид, уæд. Æнахуыр лæппуимæ иугæр се ’хсæн ницы ис, уæд, чпзопы, уыимæ рацæуыны хабар мæнæп зæгъгæ- йæ, нæ уарзондзинадыл исты къæм куы абадтаид, уы- мæй тарст. Разиатыл æгас æхсæрдæс мæйы дæргъы мæ зæрдæ никуы ницæмæй фæхудт, ныр дæр дзæгъæлы гуырысхотыл къух сисын хъæуы. Уазалы кæй зыр-зыр кодта, уый æз фæхатыдтон, йе ’ргъæвст къухтæ йын ме ’рмтты пыттыхтоп æмæ йæ куыддæр æнæрхъуыдыпæ афарстон: — Æмæ дын æз кæй радтон, уыцы æрмкъухтæ та цæуылнæ бакодтай ацы уазалы? — Ферох мæ вæййынц, стæй уыдон нæлгоймаджы 115
сты æмæ мын æгæр стыртæ сты, — æппынæрæджиау загъта Разиат. — Стырæй дын стыртæ сты, фæлæ уазалы бæсты уæддæр ницы сафынц, — дзырдтон ын æмæ йын йæ цæстытæм иу уысм æдзынæг фæкастæн. — О, кæдæй нырмæ дæ нал федтон, æз тынг хъæл- дзæг уыдтæн уым, фæлæ æнæ дæу ницы ис зæххыл — нæ хъæлдзæгдзинад, нæ цард æмæ нæ дæр амонд, — дзырдтон та æмæ йын пъа кæнынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ йæ сæр иуварс азылдта. — Нæ хъæуы, ныр æнафон у, уазал. Хæдзармæ цæ- уыны рæстæг у, — Разиат хæдзары ’рдæм цалдæр къах- дзæфы акодта.. — Уый ды Разиат нæ дæ? Дæ зæрдæ мыл сивтай? Дæ къух мыл ауыгътай?—дзырдтон ын цыдæр лæгъс- тæгæнæн хъæлæсæй. — Мæ зæрдæ дыл ыицы сивтон, фæлæ тынг суазал дæн, стæй мæм хæдзары кæсдзысты. — Цæй хорз, уæдæ, сом фендзыстæм, — загътон æз æмæ ма йæм æдзынæгæй иу каст бакодтон. — Сом мæ нæ равдæлдзæн, бирæ куыстытæ мын ис, æн- дæр хатт, — загъта ма фæстаг хатт æмæ дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй хæдзары ’рдæм фæцæ- уæг. Æз мæ бынаты сагъдау баззадтæн. Бæлвырдæй хъуыддаг цæй мидæг уыд, уый рахатын мæ зонд нал ахста. Фæлæ æз æмæ Разиаты ’хсæн цыдæр сау æндæрг кæй бадт, уый бæрæг уыд. УАЗАЛ КОМУЛÆФТ Æхсæв-бонмæ кæм уыдтæн, уый нæ хатыдтон. Æвæц- цæгæн, мæ хохыл уый размæ ’хсæвы уазал бацыд. Æнæнхъæлæджы суазал кодта æмæ æхсæв цыппар лæп- пуйæ иу нымæты æвджид уыдыстæм. Ме ’мбæлттæ фи- дæрттæ конд лæппутæ уыдысты, фæлæ мæнæн уазалы уыйбæрц бон нæй. Уæвгæ æнæ фæрынчын мын кæй нæ уыд, уый развæлгъау мæ зæрдæ базыдта. Фæлæ хъуыды кодтон, зæгъын, ардыгæй ацæугæйæ, мæхи бавæрдзы- нæн, мæхимæ æркæсдзынæн, фæлæ ахæм хъуыдытæй ницыуал рауад. Æхсæв Разиатæй куыддæр фæхицæн дæн, афтæ сихæн кодтон; нана ма мыл дыууæ хъæццу- лы æддейæ нымæт дæр бамбæрзта, фæлæ æз уæддæр 116
дзæвгар рæстæджы нал схъарм дæн. Уыйхыгъд боны- рдæм æгæрдæр тæвд кодтон. Нана мын мæ ныхыл хуы- лыдз хæцъил æвæрдта, фæлæ уæддæр мæ тæвд дæлæ- мæ нæ хауд. Цыдæр, æбæрæг фæндагыл цыдтæн, куы та иу мæм афтæ кастис, цыма мын мæ риуыл цыдæр æн- цайы, фæлæ сæрмагондæй йæ аххосаг цы уыд, уый рын- чын сæры магъз нæ ахста. Куы сбони æмæ мæ тæвд уæддæр куы нæ хауд, уæд нана Иоскъайы æрбакодта. Уый йемæ урс цæппузыры хуызæн цыдæр хостæ æрбахаста æмæ мын дзы донимæ иу аныхъхъуырын кодта. — Тæрсгæ ма кæн, лæг хъуамæ царды рынчын дæр фæуа, зындзинад дæр бавзара, æрмæст зындзинæдты ныхмæ фидар фæлæууын дæр хъæуы, — дзырдта мын худæндзастæй Иоскъа. Цæуылдæр чысыл ахъуыды код- та, æдзынæг мæм ныккаст æмæ ма йæ ныхæстæм баф- тыдта:—Мæнæн ныххатыр кæн, Мухтъар, ныртæккæ мын куыстмæ æдзæугæ нæй, фæлæ дохтырæн зæгъдзы- нæн æмæ дæм æрбацæудзæн. — Иу хатт ма мын узæл- гæйæ мæ тæвд ныхыл йæ къух æрхаста æмæ рацыд. Æвæццæгæн фæсахсæвæртæй ахызтаид, афтæ ма мын Иоскъайы хостæй нана иу аныхъуырын кодта. Æз фæс- тагмæ мæхи хуыздæр хатын райдыдтон. Мæ тæвд мæ- хæдæг сбарстон, джынассу уæддæр æртын аст градусы •амыдта. Нана дыууæ рæвдуаны æрдæг фых скодта, иу дзы тыхамæлттæй бахордтон æмæ уæд мæ низ фæрог- дæр. Фæлæ мæ низ куынæ уал тыхсын кодта, уæд та мын Разиаты мæнгарддзинадыл хъуыды нæ лæвæрдта æйцойад. Чизоны ма дысон Разиаты маст дæр бандæвта мæ низыл. 0, æнæмæнг уый дæр уыдаид низæн йæ къух- аразæг. Уæддæр куыд рауад, куыд мыл сивта йæ зæр- дæ! Чизоны уыцы лæппуимæ æппындæр ницы ис се ’хсæн. Фæлæ хъуыддаг уый нæу. Дысон мыл быитон уазал зæрдæйæ сæмбæлд, йæ уазал комулæфтæй ныр дæр ме уæнгтæ дыз-дыз кæнынц. Стæй йæ абон дæр нæ фæнды мæ фенын, «нæ йæ ’вдæлы», о, нæ йæ ’вдæлы. Дуар æрбахостæуыд. Нана уайтагъд дуар æрбакодта æмæ æнахуыр лæп- пу æрбахызтис мидæмæ. Уый комкоммæ мæнмæ æрба- цыд, чысыл мæ уæлхъус алæууыд, стæй мæ ныллæг хъæлæсæй афарста: — Цы дæ риссы, æфсымæр? Æз æдзынæг кастæн, мæнмæ хоскæнынмæ чи ’рба- 117
цыд, уыцы лæппу-лæджы рæсугъд цæсгоммæ, йæ фндыц- джын къуыбыр рихитæм. Уый уæззаугай йæ худ систа, йæ галиу къухыл ма цы æрмкъух уыд, уый дæр рай- хæлдта æмæ дыууæ дæр мæ разы стъолыл æрæвæрдта. Æваст мæ зæрдæ фæсæххæтт кодта. Цы базонын мын хъуыд, хохмæ цæугæйæ Разиатæи кæй балæвар кодтон, уыцы æрмкъухтæ. Уайтагъд базыдтон, æнахуыр уазæг чи уыд, уый. Мæ зæрдæ фырмæстæй адымст. Мæ хурхы уадындзтæ куыддæр æхгæнæгау кодтой, мæ бон æм ницы сдзурын бацис. — Тæвд дæм ис миййаг? — ног мæ афарста дохтыр æмæ мæ цонджы тугдадзипы цæф асгæрста. СтсГй йæ палтойы мидæггаг дзыппæй сгарæн систа æмæ бандо- ныл мæ разы æрбадти. Æз мæ тыхтæ æрбамбырд кодтон, мæ уатыл рабад- тæн æмæ йын фндарæй загътон: — Нæ, дохтыр, нæ хъæуы, бузныг, стыр бузныг. Мæ- нæп ницы у, уадиссаг мæ ннцы риссы, ныртæккæ раст- дзынан. Тæвд мæм уадиссаг нал ис. Æнæрбарынчын, æвæццæгæн, царды стæм лæг фæуыдзæн. Æниу цыфæн- ды низæн дæр бафæраздзынæн. Æрмæст мæ зæрдæйы сыгъдæгдзинад, мæ намыс уæд æнæннз, уый йеттæмæ мæпæн æндæр низ ницы ракæндзæн. Ды та мын бахатыр кæн, дохгыр, бьппопдæр мæ пæ фæндыд дæ батыхсын каиып, фæлæ афтæ рауад. Дохтыр мæ ныхæстæм джихауæй хъуыста. Исдуг фатуырь.схо, ног та мын мæ тугдадзины куыст асгæр- ста. Æвæцпæгæн, афтæ фенхъæлдта, ома æз сæнгтæ цатъдьп. Уымæй ноджы мæ масп тынгдæр сæхсыст. Хъуама ныл \\æ маст ныккалдтаин, фæлæ мæхиуыл фæхæцыдтæп. Фæхьуыды кодтон, уып мæ разы кæп нп- цы с1х\ос!жын у, мæн зоигæ дæр кæй нæ кæны. Æвзопг лæппу Разпаты хуызæн рæсугъд чызгмæ кæм фæлæу- уыдапд Чпзоны йæм Разпат йæхæдæг нæ фæлæууыд, йæха\/цст æй æрцахста. О, уый бæлвырд афтæ уыдаид, æнда\ра пæм цы агурынц, Разиатæн кæй балæвар код- тон, уыцы æрмкъухтæ. Дпссаг куыд нæ у, æз мæ уарзон адæймагæн суазалæй, йæ уæздан къухтæн баргъæвсы- нæй тарстæн, уый та æндæр къухтæн тæрсы суазалæй. — Пульсы цæф дзæгъæлы сгарыс, дохтыр. Ныртæк- кæ.мæм уыйбæрц тæвд нал ис. Ныххатыр мын кæн, кæй дæ батыхсып кодтам, уый тыххæй! Дохтыр ма мæм цыдæр дызæрдыггæнæджы каст æр- 118
бакодта æмæ цæмæй тагъд сæпæнпз уыдаид, уый тыххæй мып раарфæкæпгæнæ, æддæмæ ахызтис. Куыд æнхъæл нæ уыдтæн, афтæ æмбисбонмæ мæ тæвд бынтондæр æрхаудта. Дохтыры арфæтæ мыл æр- цыдысты æви мын Иоскъайы хостæ феххуыс сты, уый бæрæг пæ уыд, афтæмæй изæрырдæм æз æцæгдæр мæ къахыл слæууыдтæн. Иоскъа йæ спецдарæс иæма раласта, афтæмæй фæс- куыст комкоммæ мæнмæ æрбацыд бæрæг кæнынмæ. Бадгæ мæ куы ауыдта, уæд ып мæлæты æхсызгон уыд. — Куыдз къуылыхæй нæ мæлы!—сдзырдта æмæ зæрдиагæй ныххудт. — Ныртæккæ дæм хæринагæй цы ис, уыдон иууыл- дæр æрхæсс, Медион, æмæ стæй ды кæсдзынæ дæ рын- чыпы диееæггæм, — нанамæ баздæхгæйæ загъта Иоскъа стма\ й’л • гтцхуд спсгатæ, мæ пуры æрбадт — Хуыцау дæ саразæд, чизоны, дæ фæрцы исты ахæрид уый дæр, — бацин кодта нана æмæ нын уай- тагъд фынг æвæрынмæ фæцис. Æз а-цæгдæр адджынæн бахордтон кæрдзын æмæ мæ мæ ннз рох дæр фæцис. Фæлæ зæрдæ, зæрдæ, уæд- дæр кæм сабыр кодта. Далынмæ Разиаты федтаин, цы фæнд æм нс, уый пæхи дзыхæй бæрæг бæлвырдæй фс- хъуыстаин; уæдмæ мæм Иоскъайæн исты зæгъып аив пæ фæкаст. Мах Иоскъапмæ æндæр хъуыддагыл дзырдтам. Æп- пæт амæлттæй архайдтон, цæмæй мæ цæстæй цы фед- тон æмæ цы рахатыдтæн, уый ферох кодтапп, ма йыл ахъуыды кодтаип. Фæлæ мæхи дзæгъæлы сайдтон, хъуыдытæ-пу уæддæр æфсæн дуæрттæ састой æмæ Ра- зиаг, Хаилзериффæ æмæ уыцы дохтыры алыварс цоп- пай код’юп. Сау мастæн нæ фæрæзтон, бадын мæ бон нæ уыд, афтæ мæм зынд, цыма мын мæ буар туасæй хуынчъытæ чыидæуыд. Мæ уавæр мын Иоскъа, æвæц- цæгæн, хатыд, рынчып кæй уыдтæн, уый аххос æй æн- хъа\лдта æмæ мып бауынаффæ кодта, цæмæй, мæ уæ- лæ хъарм скæигæйæ, кæрты мæхн аирхæфстаип уæл- дæфмæ. Иоскъа сæхимæ ацыд. Æризæрмилтæ. Æз бирæ нал фæхъуыды кодтон, ^айтагъд мæ палто скодтон, мæ зы- мæгон худ ныккодтон æмæ Разиаттæм фæцæуæг дæн. Мæ уæрджытæ куыддæр дыз-дыз кодтой, ме уæнгтæ дæр нындзыгау сты, афтæ мæм кастис, цыма ме уæхс- 119
кыл стыр уаргъ уыд æмæ мыл уæз кодта. Даттоты кæр- ты Мæдийы суыдтон, уый мæ размæ рауад, мæ ауын- гæйæ фæджихау. Цыдæр æрхæндæг, мæрдвæлурс мæм фæкаст. Æнæ- бары мын мæ къух райста. — Æгайтма æнæниз дæ, рынчын дæ хуыдтой,— загъта мын æрæджиау. Цыдæр бæллæх кæй æрцыд, уый развæлгъау æнæ- гуырысхойæ зыдтон. Мæдинæты зæрдæйы уагыл æп- пындæр нæ бадис кодтон. — Разиаты фенын мæ фæнды, кæд гæнæн ис, уæд æм ардæм куы фæдзурис. Мæдинæт арф хъуыдыты аныгъуылд, бынуæзæй ныу- улæфыд. — Разиат дыууæ-æртæ сахаты размæ горæтмæ ацыд, — загъта æрхæндæгæй Мæдинæт мæнмæ æнæ- рбакæсгæйæ.—Дæумæ мæм фыстæг ныууагъта, — æрæ- джиау ма æнæбары сдзырдта, стæй йæ хæдзарон хала- ты дзыппæй, цалдæр тыхты чи уыд, ахæм æнцъылдты- тæ гæххæтт сласта æмæ мæм æй æвæндонæй радта. Зæрдæдзæфæй æгады здæхт ракодтон, мæ рæсугъд бæллицтæ æнгом баст кæимæ уыдысты, уыцы кæртæй. Мæ къухы Разиаты фыстæг. Мæ тых, мæ бонæй йæ мæ армы тъæпæны нылхъывтон. Нырма мемæ ис Разиат, нырма мæ бынтон нæ ферох кодта, нырма мын цыдæр зæгъинаг у, æппæт йæ хъуыдытæ ацы фыстæджы сты нывæзт. Фæлæ мыы цы зæгъинаг у? Стæй мын кæй загъ- та, ууыл дæр æууæнк ис? Æнæрлæугæйæ цæуын размæ, ахызтæп поселокæй. Разнаты фыстæг мын кæсинаг уыд, адæмы хъæр кæ- дæм нæ хæццæ кодта, ахæм ран æй кæсын хъуыд. Арвыл сау мигътæ дыууæрдæм цоппай кодтой. Пал- тойы мидæг уазал дымгæ судзинау хызтис. Электры цы- рæгъты рухс кæдæм нал хæццæ кодта, уым бæстæ сау- дарæй зындис. Кæройнаг тслхъæдыл ауыгъд электры цырагъы бын æрлæууыдтæн, мæ чъылдым телхъæдмæ сбыцæугæнгæ- йæ, райхæлдтон фыстæг. Æваст мæ зæрдыл æрбалæу- уыд Разиаты фыццаг фыстæг, мемæ фембæлын домдта. Ныр?.. «Мæдинæтмæ дæм ацы фыстæг уадзып, Мухтъар. Дæумæ фыстæг ныффыссын та мæм æнæмæнг хъуыд- даг’фæкаст. Æнæмæнг хъуыддагыл та йæ уымæн баньь мадтон æмæ æз дæ разы бирæ цæмæйдæрты дæн хæс- 120
джын. Æз кæд адæмы ’хсæн ацæуын æмæ мæ исчи адæймагыл банымайы, уæд уый иунæг дæ фæрцы у. Афтæ мæм кæсы, цыма дæ фæрцы æз дыккаг хатт райгуырдтæн. Фæлæ хицæн кæиæм кæрæдзийæ. Уый цæу, æвæццæгæп, дæумæ куыд фæкæса, афтæ æпæпхъæ- лæджы фæхицæн. Нæ хæлардзинады фæндаг æрмæстдæр фæхицæны фæндаг кæй уыдаид, уый æз цалдæр мæйы фæстæ уайтагъд райдыдтон хатын. Мæн фидарæй уыр- ны, ды мыл æнувыд кæй уыдтæ, æвæццæгæн дæ æз дæр къаддæр кæй нæ уарзтон, ууыл дæр дызæрдыг нæ код- таис. Мах æппæт хъуыддаджы дæр кæрæдзи æмбæрстам, фæлæ уæддæр цæмæйдæр кæрæдзийæн æцæгæлон уы- дыстæм, бынтон æцæгæлон. Дыууæ æвзонг уды фæуар- зынц кæрæдзн, сæ цард сиу кæныны размæ сын вæй- йы цыдæр нысан æмæ уый фæстæ бацæрынц иумæ. Мах иумæ цыдыстæм афæдз æмæ æрдæджы бæрц, фæлæ ацы рæстæджы нæ цард сиу кæныны тыххæй дæуæй ныхас никуы сирвæзт. Æцæг дæ хъуыстон, кæй мæ уарзтай, дунейыл дын иууыл зынаргъдæр кæй уыдтæн, фæлæ уыцы уарзондзинады фæстæ нæ цард сиу кæнын цы хъыг дардта, уый æз нæ бамбæрстон. Æмæ канд уый нæ, фæлæ сомбон цы рæстæджы кодтай нæ цард сиу кæныны фæнд, уый тыххæй дæр дæ никуы ницы фехъуыстон. Æгæрыстæмæй ма мæ бинонтимæ фембæ- лынæй дæхи кæй хызтай, уый дæр æнæхатгæ нæ уыд- тæн. Æз тынг хорз æмбæрстон, мæныл уæддæр æнæу- уæнк кæй кодтай, фæлæ, дæхи зæрдæ де ’вдисæн — иу- нæг дæуæй дарддæр æцæгæлон лæппумæ ’ввахс дæр ни- куы æрлæууыдтæн. Раст у, мæ сонты бонты ацыдтæн рæдыд фæндагыл, æвзонг зæрдæ домдта исчсмæ рæс- тæгмæ бацæрын, фæлæ демæ куы базонгæ дæн, уæдæй фæстæмæ дæ уарзондзинадæй мæ монцы æнкъарæнтыл фидар гуыдыр сæвæрдтон. Раст у, иу хъуыддаджы мæм фæхæрам дæ. Мæхи бынтон нæ раст кæнын дæ разы, æниу цас аххосджын дæн, уый дæр нæ хатын. Мах æрæджы нæхимæ бадтыстæм, хатын æй, ме ’фсæрмæй кæй бадтæ. Дæу концерт уынын фæндыд, мæн — дæуæн лæггад кæнын. Дæ цуры æрæнцайгæйæ мыл фæтых ис мæ монц, фæлæ цы бакæнон, искæимæ нæ уыдтæн, демæ уыдтæн. Æцæг, гæххæттыл нæ къух- тæ фыст нæма уыдысты, фæлæ уыцы даргъ рæстæджы 121
мидæг дæуыл сахуыр дæн, дæуæй кодтон мой æмæ алы- хатт дæ фæндон æххæстгæнæг уыдтæн. Цыбыр дзырдæй, æз уыцы цауы фæстæ нæма зонын, дæу æцæг бинойнагæн хъуыдтæн æви нæ. Афтæ дæр ма æнхъæлын, цыма ды дæ разы æрæвæрдтай мæн раст фæидагыл бафтауыны хæс æмæ æнæуи мемæ цæуынæй та цыдæр æхцондзинад истай. Ныххатыр мын к^ен, кæд раст нæ дæн, уæд. Фæлæ миййаг уый кæд афтæ у, уæд æз цы бакодтаин. Туг æмæ стæгæйконд дæн, зæххон цардæн райгуырдтæн æмæ... уыцы изæры фæстæ мой кæнынвæнд скодтон. О, мой кæнынвæнд скодтон, æрæ- джы нæм кусынмæ цы дохтыр æрцыд, уымæй. Хандзе- риффæ йæм медицинон хойæ кусы, йемæ дæр мæ уый базонгæ кодта. Æниу ацы хъуыддаджы Хандзериффæ ницы аххосджын у. Раст зæгъгæйæ, уыцы чызгимæ мæнæн иумиагæй ницыуал ис. Зоныс æй: мах раздæр хæлæрттæ уыдыстæм. Фæлæ мæн рæдыд фæндагыл уый бафтыдта æмæ ньгр дунейыл мæ нысаниуæг базоныны фæстæ уымæй алцæмæй дæр мæхи дард ласын (æниу мæ чындзы хо кæм у, уым мæ бон нæу æмæ йыл хъо- ды бакæнон). Дæ ацыды фæстæ мæ сæрæн кæй нæ уыдтæн, уый тыххæй мæ Хандзериффæ бакодта дохтырмæ. Иугæр дæуыл хъуыдыйæ мæхи ссæрибар кодтон æмæ йæ зæр- дæмæ фæцыдтæн, уæд æз дæр сразы дæн мæ цард йе- мæ сиу кæныныл. Абон нæ къухтæ æрфыстам æмæ уый сæхи хъæумæ цæуы кусынмæ. Æз дæр хæрзбон зæгъын дæуæн. Кæд дæ искуы истæуыл фæхъыг кодтон, уæд мын ныххатыр кæн. Разиат.» Гъе, ,ууыл ахицæн мæ рæсугъд бæллицты кæрон... Чнзоиы раст у Разиат... о, чизоны... Мæ уæлхъус æгомыг, саудар хæхтæ цæст нæ ны- къуылдтой, ахæм æбуалгъ хъуыддæгтыл æппындæр нæ дис кодтой. Сæ сæрмæ ноггуырд æхсырф мæй йæ уд уæлдай кодта сау мигъты рæхыстæй йæхи атоныныл.
Радзырдтæ ФÆСТАГ ФЫСТÆГ О, чи фæнымайдзæн, цас дæм фæфыстон!.. Мæ цар- ды мын иууыл æхсызгондæр хъуыддаг уыдис дæумæ фыстæг фыссын. Æхсæвтæ бон кодтон, мæ хъиутæ хорд- тон, дæ зæрдæ дын цæмæй балхæдтаин, ахæм рæсугъд, уæзгæ ныхæстæ ссарыныл, фæлæ дзæгъæлы — тарст маргъæй хъауджыдæр мæм æввахс никуы æрлæууыд- тæ. Фæстагмæ бæргæ æрхатыдтон, уый мæнæн царда- мондхæссæг уарзондзинад кæй нæу, фæлæ дæуыл хъуы- дытæй, дæумæ бæлгæйæ дарддæр зæххыл æндæр фæрæз нæ ардтон. Мæнæ тарст фысы дзуг йæ адзалы фæнда- гæй куыд нæ уал фездæхы, барæй йæм йæхи куыд феп- пары, афтæ мæнæн.дæр мæ бон нал уыдис ме ’намонд уарзтыфæндагæй фæиппæрд уæвын. Чизоны дæ иухатт бæстонæй мæ бон куы базыдтаин, ^уæд мæхицæн сбадтаин, мæ хъысмæтимæ бафидыдта- ’ин, фæлæ мын уыйфадат дæр нæ лæвæрдтай. Хатт-иу мæм хъазты дæ мидбылты фæхудтæ, ка- ’фынмæ-иу мæ рахуыдтай. Æз-иу уæд мæхицæй амонд- джындæр нпкæйуал æпхъæлдтон, афтæ-иу мæм фæкаст, цыма мын сразы дæ, лæ тасгæ уæнгты змæлдæй-иу мæ сагъæс сæфт. Фæлæ-иу фæсхъазт та æндæр лæппумæ худтæ дæ мидбыл. Æз та цыма удæгæстимæ дæр нал уыдтæн, уыйау-иу мæ хъуыды дæр нал кодтай. Æниу- иу мæ фæстæ цы лæппумæ фæхудтæ, уый æхцондзинад дæр-иу бирæ нæ ахаста. Æз уæд дæ архайд, де ’гъда- уæн æппын нпцы æмбæрстон, фæлæ мæм ныр афтæ кæ- сы, цыма ды лæппуты зæрдæтæй хъазынæн кодтай аф- тæ, иттæг хорз зыдтай дæ рæсугъддзинады нысаниуæг, æмæ хатыдтæ, хъæубæсты равзаргæ лæппутæ дæумæ кæсгæйæ куыд тадысты, алчи дæр дæ йæхирдæм разда- .хыныл куыд архайдта, фæлæ ды фыддæрадæн никæй 123
æвзæрстай, дæ зæрдæ æрмæст искæй хъизæмарæй бад- тис хурварс, искæй хъуырдухæн уыдис дæ хивæнд зæр- дæйы иууыл стырдæр æхцондзинад. Чи дæм цы бар дардта, æрдз дын радта рæсугъддзинад æмæ дзы пай- да кодтай!.. Мæн ма иу амонд уыдис æмæ кафын æмæ зарынмæ хорз арæхстæн. Дæуæн та дæ уд, дæ дзæцц кафын, стæй дæ зæлланг хъæлæсы зардæй искæй зæрдæ басу- дзын уыдис æмæ-иу фæскуыст, æгас фæсивæд клубмæ куы ’рбамбырд сты, уæд-иу æппæты фыццаг мæн аца- гуырдтай. О, куыд амондджын-иу уыдтæн уыцы рæстæ- джы!.. Демæ-иу зарыдтæн, заргæ-зарын-иу мæм цахæм- дæр æнкъарæнджын цæстытæ æрбазылдтай. Зарæджы ныхæстæ-иу арæх уарзондзинадыл уыдысты æмæ-иу ды цыма уый æнкъардтай, зарæджы зæрдæмæхъарæг ныхæсты фæд-иу цыма дæ цæстыты баззад, афтæ-иу мæм кастæ. Хатт-иу, заргæ-зарын, дæ сæр цыдæр уæз- дан æнкъуыст кодтай æмæ-иу хатт та дæ цæстытæй цæс- сыджы фæрдгуытæ дæр ферттывтой. Ахæм æнкъарæн- джын зæрдæ дæм кæй хатыдтон, уымæй та-иу мын ног мæ бæллицтыл базыртæ сагътай, фырцинæй-иу кæм уыдтæн, уымæн ницыуал зыдтон... О, куыд-иу мæм хæлæг кодтой уæд хъæубæсты фæ- сивæд. Фæлæ та-иу фæцис хьазт æмæ та-иу ууыл ахи- цæн мæ зæрдæйы æхцондзинады цыбыр рæстæг. Бон-иу дæ арæх нал уыдтон. Æз ахуыргæнæгæй куыстон, ды та фæскомцæдисон бригадæимæ куыстай быдыры. Мæн фæндыд, æз дæр уемæ куы куыстаин, æгас бон изæрмæ демæ куы ’рвыстаин мæ рæстæг. Æвæ- дза, дæ цуры мæ цы бафсæстаид змæлынæй, кусынæй!.. Фæлæ-иу мæнæн уый фадат æрмæст сæрды æртæ мæйы фæцис. Басæттæн кæмæн нæй, ахæм мæсыг нæ разынд дæ зæрдæ дæр. Демæ уæлдай арæхдæр цæуын райдыдта Елдарты Исахъ. Уый-иу дæ цуры кусгæ, йе, та фæскуыст демæ рацæугæ куы федтон, уæд дæ бæстонæй мæ бон базыдтон. Æз бакастæй, лæджыгъæдæй, йе, хъаруйæ Исахъы кæм аййæфтаин. Иу фыстæг ма дæм клубы аивæй лæвæрдтон, фæлæ йæ ды нæ айстай: «Йæ бакæсынæн ницы нысаниуæг ис, нæ дыууæйæн дæр ницы пайда у. Цы фыст дзы уыдзæн, уый æнæуи дæр хатын, æмæ цы хъуыддагæй ницы ’рцæ- уа,| ууыл дзæгъæлы рæстæг сафын не ’мбæлы», — загъ- тай мын ды цыдæр æнæввæрсон хъæлæсы уагæй. Цы 124
гæнæн ма мын уыд, мæ хъизæмар, мæ уарзондзинад мæ зæрдæйы ныссастон. - Рæстæгæй-рæстæгмæ мын уæддæр дæ мидбылхудт нæ хæлæг кодтай, хатт-иу нæ зардæй, æгæрыстæмæй, иннæ фæсивæды зæрдæтæ дæр сыгътам. Фæлæ куыд- фæстагмæ ды клубмæ арæх ыал цыдтæ. Исахъимæ ба- дын, йемæ ныхас кæнын дын фæадджындæр. Чысыл хъæубæсты ницыуал фæсусæг. Сымах кæрæ- дзи кæй уарзтат, уый алчи дæр базыдта. Ды-иу клубы адæмы ’хсæн йæ цуры арæх нал лæууыдтæ, куыддæр- иу йæ фенгæйæ фæсырх дæ. Цыбыр дзырдæй, ды дæ цард йемæ сиу кодтай, æз йæ^амондмæ мæ былтæ ’хсынгæйæ баззадтæн. Уæддæр мæхи æгады уагъд нæ акодтон, фæсивæды сæргъ слæу- уыдтæн, арæх сын æвæрын кодтон пьесæтæ, æвдыстам концерттæ, фæлæ ды уыдон мидæг хайад иал истай. Чындзы куы ацыдтæ, уымæй иу мæйы фæстæ дæр ма дын цас фæлæгъстæ кодтон, зæгъын, нæ концерты ха- йад райс, кæннод нæ фидаудзæн, фæлæ налсразы дæ. Исахъ уæддæр активон уыд ахæмтæм, зарынмæ æгас хъæубæсты уый йеттæмæ мæ ныхмæ ничи лæууыд. Хъуыды ма кæндзынæ: нæ концерты программæйы уы- дис «Хорз ус кæмæн вæййы», зæгъгæ, адæмон зарæг. Зарæджы хъæргæнæг Исахъ уыд. «Хорз ус кæмæн вæййы, уый ма, дам, зæгъы, Хъазтмæ цæмæн фæцæуы? Алæбон хъазт йæ хæдзары вæййы...» зарыдис Исахъ æмæ ма йæ амонæн æнгуылдзæй йæхи- мæ аив ацамонгæйæ зарæджы ныхæстæм бафтыдта: «Мæ хæдзары вæййы, гъей!» Адæм иууылдæр ныххудтысты, цалдæр къай цæс- ты дæумæ ныккомкоммæ сты. Ды тынг сæфсæрмы дæ. Дæ сæр уырдыгмæ ауагътай. Æз фыццаг хатт мæхи сидзæрау банкъардтон. Афтæ мæм фæкаст, цыма Исахъ мæ фыдæнæн дзырдта уыцы ныхæстæ, æндæр репети- циты рæстæджы «йæ хæдзары вæййы»-йы бæсты «мæ хæдзары вæййы» никуы фæлхатт кодта. Хæлæг адæймаг нæ дæн, фæлæ мын зын уыд уæ цу- ры, уемæ иу хъæубæсты цæрын. Æз сыхаг хъæумæ аивын кодтон мæхи. Мæ зæрдæйы рис мæ хорз хæлар Муссæйæн раргом кодтон. Уый мын бауынаффæ кодта, зæгъгæ, ус æрхæсс, дæ цард аразынмæ ’рæвнал æмæ дын фенцондæр уыдзæн. Куы нæ уарзай, уæддæр цард- бæл, хæрзконд сылгоймагимæ куы уа дæ хъуыддаг, уæд 125
æй царды фæндагыл æнæмæнг бауарздзынæ, цард уæ йæхæдæг сæнгом кæндзæп. Фæлæ мæн ахæмтæй ницы уырныдта. Дыууæ мæйы фæстæ мæм Муссæ сæхнмæ фæсидтис, кæд уаты мæхи йеттæмæ ничи уыдис, уæддæр мыи мæ хъусы дзурæгау афтæ зæгъы: «Стыр сусæггаг æмæ уыимæ хæрзиуæгоп хъуыддаг раргом кæнынмæ дæм фæдзырдтоп. Мæнæ иæ ахуыргæнæг Нинæйы зоныс? Æвæццæгæн, æм лæджы фырт фау нс ’рхæсдзæн. Куы зонис, дæу куыд уарзы! Нæ зопын, цы дæ федта, фæлæ- мып йæ уарзондзинады тыххæй йæхæдæг дзырдда». Цы дардыл дзурон, быптои мс сæфт куы уыдаид, уæддæр йсмæ мæ цард сиу кæнын сфæнд кодтон. Æнхъæл куыд нæ уыдтæн, афтæмæй диссаджы адæй- маг разынди Нинæ. Стæй мыл куыд иузæрдыг уыдпс! Æхсæв бонмæ куы нæ æрцыдаин, уæддæр-иу бадтнс, æнхъæлмæ мæм каст, æнæ мæн кæрдзын дæр нæ хорд- та, мæгуыр. Æз æй, раст зæгъгæйæ, афтæ тынг нæ уарз- тон. Мæ зæрдæ фæллад, ихсыд уыд дæ уарзондзинадæй, фæлæ æз мæхицæн уырнын кодтон, æмæ канд уырнын нæ, фæлæ æнхъæлдтон, цыма йæ цæсгомы хуызы цыдæр де ’нгæс уыдис, уæлдайдæр йæ цæстыты агуырдгон дæ цæстыты хуыз æмæ дзы аргæ дæр кодтон. Фæстагмæ йыл фæцайдагъ дæн æмæ цæттæ уыдтæн царды æфсондз йемæ хæссыныл. Фæлæ йын нæ бантыст цæрын — йæ афæдзы бон æвгъæдæй нал растад. Баззадис хæрз æпа- хъом сабн æнæ мадæй. Сабнпы Нипæйы мач нал лæ- вæрдта, æз дæр æй сымахæн хъомыл кæпдзыпæн, зæгъ- гæ, махмæ йыл не ’ууæндыд. Фæлæ мæ мад пе сразы ис. Уый уæд нæхи хъæуы мæ кæстæр æфсымæримæ уыд æмæ сабпйы уырдæм ахаста. Чысыл Зæлинæ цадæггай рæзтис, мæ мад æй рæв- дыд цух кæм ныууагътаид! Æз фæстагмæ нæхи хъæу- мæ рацыдтæн кусынмæ. Æртæ ’фсымæрæй нын иу хæдзар къуындæг уыд, æз чысыл дарддæр мæхицæн сарæзюп, дыууæ уагы кæмæн уыд, ахæм чысыл хæдзар æмæ уæд мæ мад æмæ Зæлинæ дæр мемæ цардысш. Зæлипа? къахæй цæуын райдыдта. Уæвгæп куыд дзыхы къæбæл уыд! Цыфæнды хъынцъымæй дæр йæ ныхæс- тæм лæг æнæ бахудгæ нæ фæуыдаид. Æз бæстонæй ба- зыдтон хи сабипы ад. Æз Зæлинæйы куыд уарзын, мæн нана афтæ уарзта, зæгъгæ, уый мын ничи бауырнын кодт’аид. Æнæ Зæлинæйы фенгæ, æвæццæгæн, иунæг бон дæр нæ бафæрæзтаин. 126
Уыцы рæстæджы ма дæ фæлгондз æрмæст иу стæм хатт, рагон фæсмонау, æрлæууыд мæ зæрдыл. Фæлæ ^æрды мæйты колхозы кусын куы райдыдтон, уæд та дыл арæхдæр райдыдтоп æмбæлын æмæ цадæггай, мæ зæр- дæйы раджы чп бампылд, уыцы уарзопдзппалы къуы- быр иогæй райдыдта хæлын. Ды цыма мæ фыдæнæн дæ хуыз тынгдæр скалдтай, дæ цæстытæ цыма фæхъуыды- джындæр сты, тынгдæр дыл фидыдта уæзбын, арæхст- джын ныхас, æмæ дæ фæхудт ныр уыдис бынтон æнæ- хин, æрдзон, афтæ мæм каст. Мæ зæрдæйы æпкъарæп- ты нысаниуæг рæстмæ нæ зыдтон, фæлæ та дæ мийпаг ногæй куы бауарзтапн, уый тæссæп-ну мæ сæры хъуын барц сбадт. О, уый бынтон фыдракæыд уыдаид. Цыма искæй бауарзынæй Нинæйы рухс ном счъизи кодтаин, афтæ-иу мæм каст. Куы та-иу æпхъæлдтон, цыма Нинæ балцы кæмдæр уыд, æрцæуинаг у æмæ йын цы загъта- ин бинонты æнгом цард фехалынмæ. Æппæт дæр иуы- рдыгæй фæуæнт, фæлæ уæд Исахъы раз та цы хъуамæ загътаин! Æвæццæгæи, ахæм фыдракæнд мæхицæн нæ дæр ныххатыр кодтаиы. О, фæлæ зæрдæ, зæрдæ уыд ах- хосджын! Уый мæ къухы нæ уыд, мæ бардзырдмæ нæ хъуыста. Мæ зæрдыл æрлæууыд, раст фарон ацафон иу нзæр хоскæрдынæй здæхгæйæ, ды мемæ куы ’рбаиу дæ, уый. Ды мын уæд пухаттæп тынгдæр сæнкъуысын кодтай мæ зæрдæ. Афтæ фенхъæлдтон, цыма та, раздæрау, мæ зæрдæйæ ахъазыны охыл фсмбæлдтæ мæныл. Фыцца- гау га дæ кæлæнгæнæн мидбылхудтæй мæ уæпгтæ ныд- дыз-дыз кодтой. «Кæдæй нырмæ нал азарыдыстæм иумæ», загъгай мын ды æмæ ныллæт хъæлæсæй <чСагъæсайы зарæг» ба- кодтай. Мæ зæрдæмæ та хуртæ бакаст. Цаллæр азы фæстæ та фыццаг хатт иумæ базарыдыстæм. Дуне ча мæм хуызджын, бæллнццагæй разыпд. Афтæ мам кас- тис, цыма бон изæрмæ цæвæгæй хос нæ карстон, фæлæ чындзæхсæвы бадтæн, ме уæигтæ афтæ срог сгь; æмæ, маргъау, хæххон уæлдæфы стæхынмæ хъавыдгæп Мæ зæрдæ цыдæр æхсызгон сагъæсты пыгъуылд, фæлæ фæстагмæ мæ уарзондзинады раз цы æнæбыы ком ыс, уын та мæ цæстыл куы ауад, уæд мæ уæигтæ æнахуыр дыз-дыз кодтой. Нæ зонып, цы мыц æп мæ зæрдыл æрбалæууып код- та, фæлæ æз иу цавæрдæр зарæг самыдтон: 127'
«Мæхæмæт Поты цæрæг у, Фæрæт дæр уымæи иæ кæпы. Де ’взæр лæг бонджын хæрæг у, Мæ мæт дæр уымæн нæ кæны». Ацы ныхæстæм куыддæр мæхи зæрдæ суынгæг ис. Мæ зарын фæуагътон. Ды адарддæр кодтай зарæджы ныхæстæ. Æгасæй æнкъарæнтæ фестадтæ. Заргæ-зарын иу рац æрлæууыдтæ... Æз дæр дæ разы æрлæууыдтæн. Æрлæууыдтæн æмæ кастæн, дæ уæздан рустыл ставд цæссыгтæ сæрибарæй кæрæдзи фæдыл куыд тылдысты, уымæ. Æз мæ зард фескъуыдтон æмæ дæм джихауæй дзæвгар-дзæвгар фæкастæн. Ды æрæджиау дæ зарæг кæронмæ ахæццæ кодтай, стæй дæ кæлмæрзæны къуы- мæй асæрфтай дæ цæссыгтæ æмæ цæуынмæ фæдæ. Суапг хъæугæронмæ цалынмæ бахæццæ стæм, уалынмæ ницы- уал сдзырдтап. Уæ хæдзармæ фæзилæпы дæ цыд фæса- бырдæр кодтай æмæ мæм мæ номæй сдзырдтай. «Зои æй, мæ зæрдæ æдзух демæ кæй дзуры. Раст у, лæг мын ис, фæлæ мын ды бар радт, цæмæй дæ уарзон- дзнпад сусæгæй мæ риуы хæссон, дæ номæн табугæнæг уоп. Æз дæ сæруæлдай уарзт к-уы кæнон, уымæй ды ии- цы фесафдзынæ, ма мæм фæхъыг у, йе, æндæр ницы». Ды фæцæуæг дæ. Æз дæ фæстæ кæсгæйæ баззадтæн. Куыддæр фын фенæгау уыдтæп. Нæ зыдтон, уый мæ амонд уыд, æви ме ’памопд. Куыд ис уый гæнæн æмæ искæй ус мæн уарза, æз дæр æй уарзон æмæ мæ азымæй искæйы бипонты цард иыххæлæттаг уа, — хъуыды код- тон мæхннымæры, фæлæ цыдæр æхсызгон хъыдзы кодта мæ зæрдге. Æцæг ма мах пæ цард сиу кодтаиккам, уы- мæн пицы амал ардтон, фæлæ ды мæн кæй уарзтай, уый уæддæр мæхицæп стыр хæрзиуæгыл иымадтоп. Ног та ме ’нцойад фесæфт, зæрдæйыл æнахуыр тас æфтыдта ие ’пафопы уарзондзинад. Æз хатыдтæн, уыцы фембæлды фæстæ ды мæпæй дæхи куыд хызтай, æвæццæгæн, хъæу- бæстæй искæмæй исты рахатыпæй тарстæ. Æз дæр æдас нæ уыдтæн, искæй усы уарзып, уый мæ куы айхъуыстанд, уæд быитон мæ ном сæфтн æмæ ма мæ профессийы лæг уæд цæмæн у. Фæлæ ма фæстагмæ ууыл дæр кæм хъуы- ды кодтоп, быптоп схæтæнхъуаг дæн. Хатт-иу мæ ахуыр- гæнинæгтæй исчи пæ урок куы дзырдта, уæд-иу æй æз нæ хъуыстон, кæпæ-иу йæ урок куы радзырдта, уæд-иу мæп’ ферох йе сбадын кæнын. Уый-иу мæ бардзырдмæ æнхъæлмæ гæсгæ лæугæйæ баззад æмæ-иу уæд иинæ- 128
тæ даер æргомæй райдыдтой къæбæда митæ кæнын. Уæл- дайдæр-иу Исахъы ме ’рдæм рацæйцæугæ куы федтон, уæд-иу ме уæнгтæ цыдæр æнахуыр тасæй барызтысты. Афтæ-иу æпхъæлдтон, цыма уый уыцы сахат кард сис- тапд æмæ мын æй мæ риуы ныссагътаид. Уæддæр-иу дæ фендæй фæрогдæр мæ зæрдæйы маст. Дæ сусæг хъуыды мын куы раргом кодтай, уый фæс- тæ мах дзæвгар рæстæджы нал æрцыдыстæм ныхасмæ, фæлæ-иу æз дæу дардмæ фенгæйæ дæр хатыдтои дæ зæрдæйы рис. Хатыдтон, мæ уарзтæй кæй тадтæ, фæлæ дын мæ бон ницы уыд, дæ уавæры уыдтæн мæхæдæг дæр. Æрæджы, иу æхсæв мæ уаты фæсахсæвæртæм бадтæн нунæгæй æмæ ахуыргæнинæгты тетрæдтæ раст кодтон. Мæ ныхмæ сынтæгыл Зæлинæ фынæй кодта. Йæ чысыл цонг æддæмæ раппæрста æмæ йæ улæфтæй хъæццул зы- на-нæзына змæлыд. Мæ зæрдæ йæм пæ лæууыдис, алы тетрадь сраст кæныны фæстæ та-иу сыстадтæн æмæ-иу æм æдзыиæг ныккастæн, мæ къухтæ-иу æрхастон йæ нард, фæлмæи цонгыл. Мæ кæстæр æфсымæрæн уæд æнахъом саби уыдис æмæ-иу мæ мад уымæ каст. Р1е, фæлæ Зæлипæ мæнæй нал хицæн кодта, æз дæр-иу æй цалыпмæ мæхимæ æрбакодтон, уæдмæ-иу иæ ныллæууыд- тæн. фæстаг дыууæ тетрады ма мын баззад раст кæни- наг, афтæ ды дуар æрбахостай. Æз фæджихау дæн, та- лынджы де ’рттиваг цæстытæ ауынгæйæ. Уайтагъд мæ афарстай, хæдзары мæм исчи уыд æви нæ, за^гъгæ. «Мæ- хи йеттæмæ мæм ничи ис> дын куы загътон, уæд мидæ- мæ æрбахызтæ. Цыдæр сусæг сагъæс зындис дæ цæсты- тыл. Чысыл æпæдзургæйæ алæууыдтæ. Цы хъуыддаджы тыххæй æрбацыдтæ, зæгъгæ, мæм аив нæ фæкаст дæ ба- фæрсып. — Ныххатыр мын кæн мæ къæйныхдзинад. Фæлæ мæ бон нал бацис. Зæгъ мын æргом, раздæрау ма мæ уарзыс æви нæ? Дæ цард мемæ сиу кæныныл кæд разы дæ, уæд æз цæттæ дæн, мæ лæгæй тæккæ райсом дæр ра- хицæн уыдзынæп. Æз уый раджы аскъуыддзаг кодтон. Зæгъ мып дæ хъуыды, хъизæмарæй мæ æгъгъæд мар,— дзырдтай мын ды уынгæг хъæлæсæй. Æз исдуг æгомыгæй баззадтæн. Кæй дæ уарзтон, уый дæхæдæг дæр хатыдтæ, фæлæ Исахъæй æфсæрмы кол- тон. Хъæубæстæ загътаиккой йе ’мгар, йе ’мзæххонæп йæ усы байста, зæгъгæ. Иæ ныууадзып дæхи фæнд уыдис, уый кæй бауырныдтаид. 9. Нартыхты М. 129
Æз дæ уæддæр дзуапп радтыны бæсты мæхæдярг афарстон: — Исахъæй истæмæй фæлмæцыс? Уæ характертæ нæ иу кæнынц, мыййаг? — Уымæй мæ ма фæрс. Ды мын æрмæст зæгъ, нæ амонд сиу кæныныл разы дæ æви нæ? Æниу ды куы нæ разы кæнай, уæддæр мæнæн æнæ ахицæн нæй. Хъаст дзы ницæмæй кæнын, фæлæ мæ бон нæу йемæ цæрын, — цы- быр дзуапп мын радтай. Цы дын загътаин, ууыл хъуыдыйæ мæнæн мæ сæр разылд. Дæ лæгæй ма ахицæн у, зæгъгæ, дын загътаин, уый мæ бон пæ уыд, уарзтон дæ. Цæрæнбонты мæ зæрдæ кæй судзгæ уарзондзинадæй тад, уый мæм йæхи къахæй аербацыд, йæхæдæг мын хъардта йæ уарзондзинад æмæ йыи куыд загътаип, демæ цæрыныл нæ дæн разы, зæгъ- гæ. Аннæмæй та хъæубæсты ’хсæн мæ намыс, мæ лæг- дзинадыл цахæмдæр къæм кæй сбадтаид, Исахъ æмæ йæ хæстæджытæ мæм цæрæнбопты туджджынау кæй кас- таиккой, уый зын рахатæн нæ уыд. Уæвгæй, исты дзуапп та дыи æнæ ратгæ нæ уыд. — Иугæр афтæ у хъуыддаг, — загътон дын æз æрæ- джиау, — уæд дæ лæгæй ахицæны фæстæ нæ цард уай- тагъд ма сиу кæнæм. Дæ цæгаты уал иу цалдæр мæйы уæддæр фæу нырма. Науæд хъæубæсты æхсæц иæ дыу- уæйæн дæр кад нæ уыдзæн. Мæ хъуыды тынг фæцыдис дæ зæрдæмæ, дæ цæсгом цыдæр цин æрттывд фæкодта æмæ разыйы нысанæн тылдтай дæ сæр. Мах бирæ фæбадтыстæм уыцы æхсæв. Зæлинæйы хуыссæнмæ ды хæрзæрæджы фæкомкоммæ дæ. Йæ ауынгæйæ куыддæр фестъæлфæгау кодтай. Чи у уый та, зæгьгæ, мæ афарстай. Æз дын дзуапп радтон, Ды ницы уал сдзырдтай, уыцы ’рдæм нал бакастæ. Æз дæ нæ каудуйры онг рахизын кодтон. Уалдзыгои æхсæв бæстæ уыд сабыр, арв — ирд, кæм- дæр кæрдæджыты æхсæн хæфсы «рру-рру» хъыг дардта æхсæвы сабырдзинад. Æхсæвы рæсугъддзинад, йæ сусæг мыртæ уæды хуызæн никуы ма бандæвтой мæ зæрдæмæ. Уæды днг никуы ма банкъардтон мæ райгуырæн хъæ- уæп йæ зæхх æмæ йæ арвы рæсугъддзинад. Нæ былтæ кæрæдзийыл куыд андæгъдысты, уый ныр дæр нæ хъуы- ды кæнын. Ды æцæгдæр уайтагъд рахицæн дæ дæ лæгæй. Мах арæхдæр æмбæлдыстæм сусæгæй. Арæх та-иу, суадоны 130
сæрмæ цы стыр къæй ис, уым æвæрдтам, кæрæдзимæ цы фыстæджытæ фыстам, уыдоп æмæ-иу нæ алчи йæ фыстæг изæрыгæтты уырдыгæй, посты лагъзæй исæгау, иста. Уый мах афтæ арæхстгай арæзтам æмæ æгас хъæубæсты ни- чи ницы зыдта нæ зæрдæты сусæг хъуыддæгтæн. Иу бон та, хур ма уыдис, афтæ нæ хæдзары рæзты рацæйцыдтæ. Мæ фенын дæ кæй фæидыд, уый æмбæрс- тон. Æз дæр дæм фæсидтæн. — /Ез афтæ æнхъæлдтон, иунæгæй дæ, — сдзырд- тай, æнæразынæ уатмæ бахизгæйæ, Зæлинæйы куы фед- тай, уæд. Мах цæуылдæрты ныхæстæ кодтам. Чысыл Зæлинæ дæр-иу мæм рæстæгæй-рæстæгмæ æрбауад, цыдæртæ-иу мын сдзырдта æмæ та-иу дæм цымыдис каст бакодта. Дæумæ йæ бацæуын фæндыд, фæлæ нæ уæпдыд. Æз аф- тæ æнхъæлдтон, йæ иыхæстæм хъусын, йæ хъазынмæ кæ- сын мæнæц куыд æхсызгоц уыд, дæуæн дæр афтæ уы- даид. Фæлæ йæ ды хъуыды дæр нæ кодтай, фæрсмæ йæм иу каст дæр нæ фæкодтай. Æз уый уайтагъд фæхатыдтои æмæ мæ зæрдæ фæрыст. Æгæрыстæмæй, куы цыдтæ, уæд дæм уый тыргъæп йæ чысыл къух тылдта «хорзыл ам- бæл», зæгъгæ. Ды та уый дæр не ’рхъуыды кодтай. Зæ- линæ дыи хæрзСоп зæгъы, зæгъгæ, дæ мæхæдæг фæкæсыц кодтон фæстæмæ, фæлæ йын уазал зæрдæйæ æрмæст мæ разы дæ хæс бафидыпы охыл загътап хæрзбоп. Æз уæд ноджы тынгдæр ахъуыды кодтон уæ ахицæны аххо- сагыл. Иууыл бæлвырддæрæй мын дæхæдæг радзырдтай æцæгдзинад. Куыд рабæрæг, афтæмæй цæмæй мад уы- даис, Исахъ дæуæй уый домдта, ды та ууыл разы пæ кодтай. Фæлæ та æз ноджы ууыл пæ баууæндыдтæн. Чи~ зоиы, зæгъын, æиæуи пæ уарзы Исахъы æмæ дæ уымæн нæ фæнды, цæмæй дын дзы зæпæг уа. Фæлæ мын бæстон- дæр дысоп дæхæдæг раргом кодтай дæ зæрдæйы хъуы- ды. — Уæддæр афтæ сусæгæй кæдмæ хъуамæ кæсæм кæ- рæдзимæ, — загътай мып ды, зпон дыл фæндагыл куы амбæлдтæи, уæд. Æз дын загътои, зæгъгæ, ахсæв иунæгæй уыдзынæн хæдзары, фæстаг цыд ма сусæгæй æрбакæн æмæ бынтон æнæахицæпгæнгæ нал ис хъуыддагæн. Ды та мæм æцæгдæр æрбацыдтæ нысапгонд рæстæ- гыл. Зæлийы фынæйæ куы ауыдтай, уæд мыл, бустæгæнæ- гау, пыххуырстай дæ уайдзæф: 131
— Иунæгæй уыдзæн мын фæзæгъыс, афтæмæй ацы цъæх хæйрæг алыхатт дæр демæ куы вæййы. — Æмæ нæ уый куы ницы хъыг дары, уадз æмæ йæ- хицæн фынæй кæнæд, — æнæбары дын дзуапп радтон æз. Мæ зæрдæйы хъыгдзинад дын уæддæр нæ раргом код- тон. — Ма мæм фæхъыг у, фæлæ куыддæр сабитыл ахуыр нæ дæн æмæ... — æххæстæй нал загътай дæ ныхас кæрон- мæ. Æз ницыуал зыдтон, цы дзуапп ма дын радтаин, уы- мæн. Зын мæм кастис дзурын. Цы базонын ма мын хъуыд, мæ рæсугъд бæллицтæ мып дон йæ быпмæ кæй пылласта, уый. Æз дын сæфсои кодтон, зæгъын, мæ би- нонты уал бафæрсон. Бæлвырдæй ницы аскъуыддзаг код- там, афтæмæй та рацыдтæ. Æз кæртмæ дæ фæстæ ра- цыдтæн. Фæндыдис дæ иннæ хæттытау та дын талын- джы куы апъа кодтаин, фæлæ мæ мæ зæрдæ нал бахас- та. Ды куыддæр æнæразыйæ рацыдтæ. Дæ фæстæ мыл хуыссæг пал æрхæцыд. Бирæ фæ- рафт-бафт кодтон мæ хуыссæны, стæй мæ бои нал бацис æмæ сыстадтæн. О, сыстадтæн, мæ пысултæ скодтон, фыссæн стъолы фарсмæ абадтæн æмæ дæм фыссын æп- пæт ацы ныхæстæ. Цы гæиæн ис. Æнæмæнг ахъуыдыйаг у нæ цард ба- иу кæныны хъуыддаг. Ныртæккæ мæнæн Зæлипæйæ тынгдæр ничемæ дзуры мæ зæрдæ. Сидзæрæй баззад, æнхъæлдтон, зæгъын, æй мады рæвдыд ды бакодтаис, фæлæ дæхæдæг ме ’вдисæн, фыдæпхъæл фæдæи. Æз та тæрсын, сабимæ дæ уазал цæстæпгас сомбон нæ уарзон- дзинадыл æвзæрæрдæм куы баидава. Мæ цуры уымæ схуыст ныхас куы скæнай, уæд мæ зæрдæ куыд рисдзæн, уый развæлгъау хатын. Мæ мады койæ дæр дæ зæрдæ кæй никуы барухс, уый дæр рахатыдтон, уый уæддæр ме ’ннæ æфсымæртæй мемæ ничи рауадздзæн, фæлæ Зæли- нæйы уæддæр никуы ныууадздзынæп. Фæлтау мæн ферох кæн, æрыздæх Исахъмæ. Æз хорз хатыи, раздæр æй тынг кæй уарзтай. Уый фауинаг адæй- маг нæу. Дæхæдæг æй хуыздæр зоныс, хæрззонд, хæрз- æгъдау, адæмæн уарзон адæймаг у. Æнæ саби амопдыл уæддæр никуы фæхæст уыдзыпæ. Иунæг саби дæр уæ сæнгом кæндзæн, йæ уарзондзинадæй уæхæдæг дæр тынг- дæр бауарздзыстут кæрæдзи. Нæ зонын, чизоны дæ лæг- мæ исты фауинаг миниуæг ис, фæлæ дæуыл æнувыд кæй уыд, дæ фæстæ йын цард ад кæй нал кæны, уымæй дард- 132
дæр æм æз ницы аипп арын. Ныр цалдæр мæйы мæрдо- нау æдзух йæ зæрдæйы сагъæсты вæййы. Лæгаулæг уæв- гæйæ, нæ быхсы кæй йыл нал баввæрсыдтæ, æгады уагъ- дæй йæ кæй ныууагътай. Бацæр фæстæмæ Исахъимæ. Дæхимæ фидар удыхъæд разынын кæн, ферох мæ кæн. Зын у мæнæн дæр, уарз- гæ дæ уæддæр кæнын, фæлæ мах зноны сабитæ нал стæм æмæ сопт уарзтæй дарддæр сомбоны цардыл ма хъуыды кæнæм. Дæуæн мæ æрмæст хорздзинад фæнды, бацæр Иса- хъимæ, мад су æмæ дын дзырд дæттын дæ фидæн дæм. йæ мидбылты кæй худдзæн. О, бацæр дæ лæгимæ, бацæр!
РААЗЫРАТÆ ФÆСМОНГОНД ЦУАНОН Хæхтæ, цы мæ бафсаддзæи уæ тигътыл хæтынæй, уæ сыгъдæг царддæттæг рог уæлдæф улæфынæй! Хæхтæ — рæсугъддзинад, домбайдзинад, быхсындзи- нады символ. йæ тæмæны бацæуы уалдзæг æмæ зæрдæ йæхицæн нал фæары æнцойад, хæхты мысгæйæ йыл æбæрæг са- гъæс бафты. Æз уæд мæ афæдзы улæфт райсын æмæ мæхи айсын хæхтæм. Фæзилын мæ Иры хæхтыл, гауыз- фæлыст рæгътыл. Цыдæр æнахуыр романтикон уæлмонц мæм æвзæрын кæнынц æгомыг хæхтæ цъæх дари фæлыстæй майы мæйы фæстаг бонты. Изæрмилты бадыс хохыл æмæ фæлгæсыс арф хъуы- дыты ныгъуылæг сæрыстыр хæхтыл. Иууыл кæройнагдæр лæбырд къæдзæхы тигъæй сæрсæфæнмæ асхъиуын æв- вонг лæууы сыкъаджьщ мæй. Æнхъæлыс, цыма уый, Къостайы радзырды Тедо кæй ныхмæлæууæджы фехста, уыцы дзагъырдзаст дзæбидыр у, йе сæфт базыдта æмæ ма фæстаг хатт хæрзбон кæны йæ уарзон къæдзæхтæн. Хæхтæ, æппæтфæразон хæхтæ!.. Цас тæригъæддзинад, цас тугкалд бакодтат рохы бæрн! Цас фехъуыстат æвæ- рæз идæдз усы хъарджытæм, цас фæкастыстут æххормаг сабиты хъизæмармæ!.. Фæлæ бузныг сымахæй, хæхтæ, уæхи сыл никуы -атигъ кодтат, ныфс, быхсындзинад æмæ сын фйдар уды хъæд лæвæрдтат, уæ айнæг къæдзæхты фидардзинадæй сæ цух никуы уагътат. Ныр дæр домбай фыдæлты уаз стджытæ сымахмæ сты зынаргъ хæзнатау æвæрынмæ, сымах сын кæнут хицауиуæг. Хæхтæ, хæхтæ!.. 134
Уæддæр мæм афтæ кæсы, цыма ноджы æндæр аххо- саг дæр ис мæ уарзондзинадæн. Чизоны хæсты бардуагæй æлгъыст фыдæлтæн бах- хуыс кæнынмæ удæгас мæсгуытау кæй слæууыдыстут, уе тæрттæ сæм кæй бадардтат, тынгдæр уæ уый тых- хæй айстон мæ зæрдæмæ. Мæ хъиутæ хæргæ кæсын замантæй уе ’хсæн тар мигъты æхсæнты æмæ уынын: алайнаг фæстаг туджы æртахы онг тох кодта æгъатыр знаджы ныхмæ, стæй уæд йæ цæст фæцъынд кæныны размæ йæ сабитæн хо- хы ’рдæм ацамыдта: уым уе ’мбæхсæн, хох — уæ хъахъ- хъæнæг, лæгæт — уæ цæрæн, зæгъгæ. Хох баузæлыд цæхæрцæст цæргæсы лæппынтыл, нæ фесты сахъ фыдæлтæ æвæстаг. Мæ Ирыстоны бæрзонддæр хæхтæй фæлгæсын ныр даер. Ме ’ккой дыууæхстон — зæрдæдзæбæхæн æй го- рæтæй рахастон мемæ. Уæртæ фалдæр йæ фос уæлæмæ цъæх æрдузы ’рдæм здахы сæ фиййау — мæ фысым — зæ- ронд Андо. Андойы хъæуы вæййын алы аз дæр ацафон мæ улæфты рæстæджы. Сырх комы хъæу æй хуыдтой фыццаг, ныр дзы иунæг хæдзар, Аидойы æфсымæры лæп- пу Ботазы хæдзар йеттæмæ нал ис, фæлæ уæддæр хъæу хуыйны. Баиугонд хæххон колхозы хъæутæ куы раны- майынц, уæд Сырх комы хъæуы кой дæр ракæнынц. Авд азы размæ адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг экспедицийы рæстæджы базонгæ дæн Андоимæ. Иу къуырийы бæрц фæцардыстæм уæд мах иумæ. Андо адæмон сфæлдыстад зонæг æндæр зæронд лæгтæй алцæмæй дæр хицæн кодта. Уый дзырдарæхст- дзинад æмæ цымыдисгæнæг æвзаджы хатт ничемæ хæц- дæ кодта. Куыд рабæрæг, афтæмæй Андо æрæджиау базыдта кæсын-фыссын æмæ уый агъоммæ зæронд адæ- мы руаджы базонгæ аргъæуттæ æмæ уæлдайдæр та Нарты таурæгътимæ. Андо мын йæхæдæг æвдыста Нар- ты таурæгъты чиныг æмæ цыма йæхæдæг Нартæн семæ схъомыл, уыйау бæлвырд кодта, зæгъгæ, чиныджы раст нæ фыссынц, хъуыддаг æцæгæй мæнæ афтæ уыд, зæгъ- гæ. Æмæ-иу уайтагъд цæвиттонæн æрхаста искæцы тау- рæгъæй йæхирдыгонау вариант. Уæдæй фæстæмæ æрвылаз æрцæуын Андотæм, ацы алæмæттаг æрдзы рæсугъддзинадмæ фæлгæсынæй суа- дзын мæ мондæгтæ, фæлидзы мæ фæллад, мæ уæнгты -фенкъарын ног тых, ног хъару. Абон Апдо йе ’мбал фиййауы цыдæр ахсджиаг 135
хъуыддаджы тыххæй ссæрибар кодта æмæ колхозы фос иупæгæй хызтаид. Уый базонгæ, æз мæ фысымæн æх- хуыскæнынмæ рацыдтæн. Уæртæ, гъе, ме ’рдæм æрбазилы фæтæнтæ конд бæ- зæрхыг зæронд лæг. Цыбыр зачъетæ, уырдыгмæ гæзæ- мæ къæдз рихитæ дзæбæх фидыдтой фæтæн, фæлæ арф æнцъылдтæ цæсгомыл. Кæд æмæ йыл дæс æмæ æртис- сæдз азмæ ’ввахс цыд æмæ кæддæры рæхснæг астæу гæзæмæ фæтасыд, уæддæр нырма никæцы куысты лæу- уыд фæстæ. Иæхæдæг куыд фæдзуры, афтæмæй мæ фысым бирæ дудгæбæттæ бавзæрста. Фыццаг дунейон хæстмæ ацæ- уыны фæстæ цасдæр рæстæджы мидхæсты урсгварди- онты ныхмæ тохты иста хайад, уæдæй суанг йæ пенси- йы кармæ цалынмæ бахæццæ, уалынмæ та Мзуры æр- зæтыссæн фабрикæйы фæкуыста. Фæлæ йын иугæр пен- си куы снысан кодтой, уæд ног йæ фыды уæзæг æрца- гуырдта æмæ æвæстаг лæг йе ’фсымæры лæппуйы би- нонтимæ æрцард. «Мæ фыдæлты зæхх мæ йæхимæ ласы, æвæццæгæн, мæ рад æрхæццæ кæны æмæ йын дардæй агуринаг куы фæуон, уымæй мын тæрсы», — арæх-иу дзырдта Андо фæстаг азты. Æниу нырма, мæлæты раз æнцонтæй чи ’рзоныгуыл кæна, ахæмтæй нæ уыд, кæд дзургæ афтæ кодта, уæддæр. Ацы ныхæстæй æрмæст уый бæрæг уыд æмæ зæронд лæгæн йæ фыдæлты рухс ном, стæй, кæм райгуырд, кæм схъомыл, уыцы хæхтæ фанатикон уарз- тæй кæй уарзта. Андо ма фосыл йæ цæстытæ иу хаст акодта æмæ иугæр тыгуырæй зад кæрдæгыл куы хызтысты, уæд цъæх нæууыл мæ фарсмæ йæхи уæззаугай æруагъта. Уыцы уысм хъæдрæбыны иу тæрхъусыл мæ цæст схæцыд. Æваст æй Андойæн ацамыдтон æмæ йæм топп фæцарæзтон. — Ма бацу тæригъæды, мæ цуры ма фехс, — сæнт хъæр фæкодта ме ’мбал æмæ æваст йæ домбай къухæй топпы лулæ ацахста. Æз зæронд лæгмæ джихæй кæсгæйæ баззадтæн. Цас тæригъæд хъуамæ уа хъæддаг сырд амарын... — хъуыды кодтон мæхимидæг. Андо бынозæй ныуулæфыд æмæ цасдæр рæстæджы йæ дзыхæй сыбыртт нал схауд. Иугæр фæсаходæнты фос ривæдгæнæнмæ куы ’ры- скъæрдтам æмæ ног иуран куы ’рбадтыстæм, уæд æз ме- 136
’мбалы йæ зæрдæйы рæстдзинадæй бæстæтты æрфарс- тон. Æнæдзургæ йын нал уыд æмæ мын уæд ахæм’ хабар ракодта. Ацы хæхты тары райгуырдтæн, ам схастон мæ рæз, æхсæрдæс аздзыд лæппу-лæг куыд адæн, уый ныр дæр нæ хатын. Æвæццæгæн, аргъæутты хъайтартау æхсæв уыдисн рæзтæн, бон — уылынг. Фæлæ мæнæ æйт- тмардзæ хосдзау сдæн æмæ зæрдæ схивæндис. Удхæс- сæг ын фестад сæрдыгон æхсæв хæдзары фынæй кæ- нын. Цы кодта зæрдæ, цы йыл æрцыд, уый мæхæдæг даер нæ зыдтон. Æрмæст хатыдтæн иу хъуыддаг: нæ хъæук- каг чызг Ацырухсы фенгæйæ-иу ног схæтæнхъуаг ис, йæ цæхæр цæстыты æнгæсæй-иу, артыл рох физонæгау,. сыгъд. Ацырухсæй æз дыууæ азы хистæр уыдтæн, йе ’фсымæр Ислам та ме ’мбай уыд. Адджын уыдыстæм Исламимæ сабийæ фæстæмæ, уæд ма-иу Ацырухс дæр немæ арæх хъазыд. Ныр мæ йæхæдæг дæр йæхи хизы. Цæмæн, цы йын ракодтон, уымæн мæ сæрæн ницы зыд- тон. Æдзух мæ мæйрухс æхсæвты Ацырухсыл хъуыды кæнын, на уæд та мæ иунæгæй хæхтæ-къæбыртыл хæ- тын фæндыд. Уый фадат та мæнæн кæддæриддæр уыд. Сæрд-иу мæ хос кæрдынæй цы ’фсæста æмæ хосгæрдæ- нæй суанг иннæ уалдзæгмæ та цуаны хæтыдтæн. Суанг ма æхсæрдæсаздзыд лæппуйæ мæ фондз æнгуылдзау зыдтон, Ирыстоны хæхты кæм цы сырды мыггаг вæй- йы, цы рæстæджы æнцондæр бафтæн сты къухты, цы сырдмæ цы миниуæг ис æмæ æндæр ахæмтæ. Дыууæхстон топп мын мæ зæронд фыдæй баззад. Уайтагъд ын йе ’взаг базыдтон æмæ мын мил нал ив- гъуыдта. Лæппутæй алчи цуаны мемæ цæуыныл хъард- та йæ уд æмæ-иу æцæгдæр афтид армæй хæрзыстæм хатт æрыздæхтыстæм. Уæвгæй куыд диссаг у цуаныл ахуыр! Иу хатт сычъи, сæлабыр, йе та тæрхъус амардтай, уæд æхсæв дæ хуыс- сæг фæхаудзæн, дыккаг бон дын цуаны æдзæугæ цард ад нал скæндзæн. О, куыд æнауæрдон, куыд æгъатыр у адæймаг! Фехстай хæххон дзæбидыры æмæ дæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, миййаг иæмыг куы фæивгъуыйа, 137
’сырд къухты куынæ бафта, зæгъгæ, старстæ. Фæлæ уæ- лæ рафæлдæхт хохы паддзах — сæрыстыр дзæбидыр, йæ туг калгæ æртылд дæ размæ, йе та дарддæр йæ тæвдæй лидзынмæ фæцис, фæлæ мæнæ иугуырæй æр- хауд дæ разы — йæ уд исы, йæ тыбыртæ цæгъды. Цас æхцондзинад, цæй бæрц æгæрон циндзинад æнкъары зæрдæ æнæаххос сырды хъизæмарæй. Уыцы æхцондзи- нады ад æнкъаргæйæ цуаны зын æмæ тæссагдзинад æз ницæмæ уал дардтон. Иуахæмы дзæбидыры удæгас сæныккимæ здæхтæн цуанæй. Мад мын цæфæй аирвæзт, фæлæ сæныкк стыр фыдæбæттæй бафтыд мæ къухты. Хъæуæй чысыл æд- дæдæр мыл Ацырухс хæрхæмбæлд фæци. Йæ гогызтæ агурæг кæй уыд, уый æз фæстæдæр æрхатыдтон. Мæ уæхскыл удæгас сырд ауынгæйæ чызг фæджихау, фæ- лæ стæй йæ цæстæнгасыл цыдæр æхсызгон мидбылхудт ахъазыд. Ацырухс куы мæнæй, куы та рæсугъд сырдæй йæ цæст нал иста. — О, куыд дзæбæх у, куыд рæсугъд у!.. Ацырухсы ди- сæн кæрон нал уыд æмæ мæм йæхи æрбаласта, йæ хæрз- конд риутæ мын мæ риуыл æрбаныхасæгау кодта æмæ йæ чысыл уæздан армы тъæпæнæй сæныккы сæр цин- гæнгæ арæхстгай даудта. Мæ зæрдæйы æнахуыр гуыпп-гуыпп ссыд. Æваст тæфсæгæй рынчынау срызтæн. Мæ бынаты цавддурау баззадтæн. Кæд къахæй бирæ фæхæтыдтæн æмæ тынг •фæллад уыдтæн, уæддæр мæ ме уæхскæй сæныкк æри- сын нал фæндыд. Ацырухсимæ афтæ риу-æмриу æрлæу- уын æнхъæл мæ фыны дæр нæ уыдтæн. Фыны-иу æй уæвгæй арæх уыдтон, фæлæ æрмæстдæр дардмæ, йе та дыууæ-æртæ къахдзæф дæрддзæгмæ. Ныр та мæм Фса- тиимæ иумæ уарзондзинады бардуаг дæр йæ мидбыл фæхудт. Æцæг мæ уарзондзинадмæ Ацырухс йæ сæр кæй никуы æрдардтаид, мæныл кæй никуы баввæрсы- даид, уый фидарæй зыдтон, фæлæ мæ зæрдæ æдзух кæимæ дзырдта, уый мæ разы афтæ хæстæгмæ фенын, афтæ æмулæфт скæнын мæхицæн æгæрон хæрзиуæгыл нымадтон. — Ахæм диссаджы рæсугъд сырд никуыма федтон, цæф у? Амæлдзæни миййаг? Тæхуды мæн куы фес- тид! — дзырдта рæвдауæн хъæлæсæй чызгмæ æмæ куы иу, куы та иннæ армæй æппынæдзухæй сæрфтытæ кодта дзæбидыры сæныччы. — Дæ хуызæн рæсугъд у уый дæр, —- куыддæр ба- 138
гуым-гуым кодтон æмæ æз та Ацырухсы уæздан сæры хъуынтæ райдыдтон сæрфтытæ. Уæлдай улæфт, уæлдай змæлдæй мæхи хызтон. Ацы дзæбидыры сæныччы ма- дау куы фæтарстаид æмæ куы алыгъдаид, уый мæт мæ развæлгъау бацыд. Фæлæ æнæлаз сырды уарзондзина- дæй Ацырухс æппæт дæр ферох кодта. Æвæццæгæн ын йæ сæры хъуынтыл мæ дæрзæг армы тъæпæн кæй хас- тон, уый дæр нæ хатыд. — Тæригъæд нæу йæ мад? Æнæ йæ лæппын куыд хъуамæ уа? — чызг фæрсæгау бакодта æрæджиау æмæ мæнæй йæхи хизгæйæ йæ сæрыл иуырдæм ахæцыд. — Æмæ йæ мах дæр æргæвдгæ нæ акæндзыстæм, йæ къах цæф у æмæ йын æй адзæбæх кæндзыстæм, стæй йæ йæ мадмæ ауадздзыстæм, — дзырдтон æз чызджы зæрдæ балхæнынæн, стæй йæ афарстон: — уæдæ дæм рæсугъд кæсы мæ сæныкк? Балæвар дын æй кæнон? — Тынг рæсугъд, бирæ йæ бауарзтон. Лæвар мын æй кæм бакæндзынæ! Мæнæй та цы хæрзиуæг дæ зæрдыл дарыс! — зæрдæсастæй загъта Ацырухс æмæ фæстæдæр алæууыд. Æз уайтагъд сæныкк ме уæхскæй æристон æмæ йæ чызджы дæларммæ бахастон. Уый ноджы фæстæдæр •алæууыд. — Уыцы хæрзиуæг дын æз цæмæй бафиддзынæн, цы мæм ис, цы мæ бон у! — Ацырухс сæфсæрм. Иæ фидыц- джын уæхскы сæрты размæ æппæрст дзыккуйы цъупп йæ чысыл æнгуылдзтæй райдыдта здухын. — Айс æй, Ацырухс, мæ номыл æй схъомыл кæн. Уæй дын æй миййаг нæ кæнын. Æнæуи та хæрзиуæгыл ныхас куы цæуа, уæд æз дæ разы ноджы дæр хæсджын дæн. Мæ амæттаг дæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый мæнæн æппæтæй стырдæр хæрзиуæг у. Ахæсс æй, æрмæст ын йæ цæф къахы баст ма сыхал, райсом ын æй сойсыгъд ба- кæндзыстæм, стæй йыл ног кæрдæг сывæрдзыстæм æмæ йын уайтагъд байгас уыдзæн. Ацырухсы цинæн ма кæрон дæр кæм уыд. Иæ хæрз- конд дæллагхъуырыл мæгуыр сæныччы хъуыр сныхæс- та æмæ сæ хæдзары ’рдæм лидзæгау кодта. Дзæбидыры сæныччы къах дзæбæх кæныны ’фсон æз иу-цалдæр цыды бакодтон Ацырухстæм. 139
Иу бон та сырды хъæдгом бæрæгкæнын æфсон изæ- рырдæм бацыдтæн Ацырухстæм. Чызджы йе ’взонг уа- цайрагыл цинтæгæнгæ иунæгæй баййæфтон. Мæ фен- гæйæ Ацырухсы цæсгомыл исдуг æхсызгон мидбылхудт ахъазыд. Фæлæ уаты нæ дыууæйы йеттæмæ кæй ничи, уый куы ’рхатыд, уæд куыддæр сæфсæрм, йæхимидæг стыхст. Сбад, зæгъгæ, мын æфсонæн тæрхæгмæ ацамыд- та. Æз йæ разы иудзæвгар æнарæхст лæуд кодтон. — Куыд бирæ уарзыс дæ чысыл дзæбидыры? — афарстон æй æнæбары. — Ацы чысыл сæныччы йас нырма никуы ницы ба- уарзтон, — дзуапп мын радта Ацырухс йæ фарсмæ лæу- уæг чысыл сырдæй йæ цæстæнгас нæ фæиртасгæйæ. — Ех, Ацырухс, ды цыппар боны дæ чысыл сæныч- чы цас уарзыс, æз æгас цыппар азы дæргъы дæу уымæй мин хатты фылдæр уарзын. Фæлæ ды нæ хатыс мæ хъи- зæмар. — Ноджы ма мæ цыдæр зæгъын фæндыд, фæлæ Ацырухсы æвзонг уадултыл æрттивгæ цæссыг ауынгæ- йæ фестъæлфæгау кодтон. — Цæссыг цæмæн хъæуы, Ацырухс! Кæд æз дæн дæ зæрдæйы рыстдзинады аххосаг, уæд æз канд ардæм нæ, фæлæ ацы дунейæ дæр ацæудзынæн, — дзырдтон рæв- дауæн хъæлæсæй Ацырухсæн æмæ йын йæ уæздан арм мæ къухмæ райстон. Йæ рæсугъддзинадæй мæ зæрдæ иугуыр хæлбурцъ кодта. Ме ’ннæ къухæй йын, йæ рахиз æхсæрфарсыл цы дзыккуйы иугай бындзгуытæ уыд, уыдон барæстытæ кодтон. Æз ма йын ноджыдæр цыдæр рæвдауæн ныхæстæ кодтон. Чизоны йын уыдон исты фæахъаз сты, йæ цæхæр цæстытæй ног цæссыг нал æр- тылд, нæ дæр мæнæй йæхи тигъ кодта. Уымæй æз фæ- зæрдæджын дæн æмæ чызджы сæр цадæг мæ риуы ’рдæм æрбахастон. Уый уыцы иугуыр йæхи мæ бæрн бакодта. Куыддæр чызджы буары хъарм мæ риуыл бан- къардтон, афтæ фæсонтау дæн, сабийау æй ме ’рмтты систон æмæ йæ уадулыл чысыл размæ цы цæссыг æр- тылд, уый мæ пъатæй ссур кодтон. Ныр дæр нæ хатын уарзты денджызы æхцон улæнты малы цас фæленк код- там. Фæстагмæ уæддæр Ацырухс йæхæдæг фембæрста йæхи. — Суадз мæ, Андо, уæд та нæ бинонтæй исчи æрба- цыд, — сдзырдта æрæджиау Ацырухс æмæ йæ цæсгом инь!æрдæм азылдта. — Уæдæ разы дæ дæ амонд мемæ сиу кæныныл, дæ 140
•зæрдæ мыл никуы сивдзынæ? — фæстаг хатт ма афар- стон мæ цардамонды. — Никуыд бон, æрмæст мæ дæхæдæг æндæрыл ма- л<уы баив, мæ зæрдæ мын макуы скъах! * * г- Уыцы бонæй фæстæмæ мæм дуне цыдæр æнахуыр фидыцджын каст. Уарзондзинадыл хъуыдытæ мыл ног хъару æфтыдтой. Чындзæхсæвыл батагъд кæнын хъуы- дис, науæд мын алыхатт йæ феныны фадат пæ уыдис, зæр- дæ та æнæ Ацырухс саджилтæ кодта. Ирæд мын цæттæ уыдис, æрмæст чызджы бинонты фæндон уыд хъуыддаг. Ие ’фсымæр ме ’вварс кæй уыдаид, уый мæ уырныдта. Æмбаргæ лæппу уыд æмæ æппын куы ницы, уæддæр йæ иунæг хойы бирæ кæм уарзта, уым йæ хъыджы нæ бацыдаид. Æнæуи мад æмæ фыд дæр нæ хæдзарвæнда- тимæ æвзæр нæ цардысты, фæлæ ма уæддæр иу хъуыд- дагæй тарстæн. Курджытæ бирæ уыдис Ацырухсы, суанг ма йыл цыппæрдæс азы дæр æххæст куынæ ма цыдис, уæдæй фæстæмæ æмæ чызджы фыд хъæзныгдæр хæдзармæ, стæй фылдæр ирæдмæ куы бабæллыдаид,' уымæй æдас нæ уыдтæн. Фæлæ Ацырухс йæхæдæг мæ- ныл зæрдейæ кæй уыд, уый мын æппæт ныхдуртæ сæт- тынæн фаг уыдис. Иухатт мæм Ацырухс пе ’рвадæлты чызгæп йæхæдæг æрбарвыста. Нæ дыууæ, дам, хъæндæлтæ тонынмæ Сырдты фæзмæ цæуæм æмæ ды дæр уыцырдæм разил, зæгъгæ. Æз фырцинæй тæхæгау куыд нæ скодтон ны- сангонд бынатмæ. Мæ царды мæ уыцы райдзаст бон никуы ферох уы- дзæн. Мæ хицон чызг, хъуыддаг хатгæйæ, йæхи аиуварс кодта æмæ аргъæутты дунейау рæсугъд æрдзы хъæбы- сы мах Ацырухсимæ нæ сомбоны цардыл бирæ фæтæрхон кодтам. — Иугæр мæ афтæ бирæ уарзыс, уæд мæм иу хъуыд- даджы тыххæй ма фæхæрам у. Æниу мæм куы фæхæ- рам уай, уæд мæ, æвæццæгæн, уарзгæ дæр нæ кæныс, — нæ фембæлдæй йæ фыццаг ныхас уый уыд Ацырухсæн. — Цæмæн афтæ дзурыс, Ацырухс, дæу истæмæй фæ- хъыг кæныны фæлтау мæхи къухæй мæ зæрдæмæ кард ■бахæсдзынæн. — Уæдæ дæ лæвар дзæбидыры сæныккæн иугæр йæ 141
хъæдгом дзæбæх куы байгас, уæд æй ауагътон хъæдмæ. Тæрсын, миййаг афтæ куы ахъуыды кæнай, цыма дæ лæварыл нæ баввæрсыдтæн. Фæлæ æдзух йæ мадæн тæригъæд кодтон, чизопы йæ уæдæй нырмæ цас агуры, йæ зæрдæ цæй бæрц риссы. Стæй сæныкк йæхæдæг дæр æнкъард æмæ мæллæг кодта. Уадз, сæрибарæй хæтæд. Чизопы йæ мадыл дæр искуы фембæла. Уыцы рæстаг цæрæгойы тæригъæды аххосаг мах цæмæн хъуамæ уæм!.. Æз цы хъуамæ загътаин Ацырухсæн. Дзæбидыры сæныкк ын йæ зæрдæйы æхцондзинады тыххæй балæ- вар кодтон æмæ ныр иугæр йæ ауадзын йæ зæрдæйæн æхсызгондæр у, уæд ууыл дæр цингæнгæ куыд нæ сра- зы уыдаин. — Хорз бакодтай, Ацырухс. Ахæмты тыххæй дæм никæдбон фæхæрам уыдзынæн, — уыдис ын мæ цыбыр дзуапп. Æнпу Ацырухсæн уайдзæф цæй тыххæй бакод- таин, йæ царды ахæм æнæгъдау ми бакодтаид, зæгъгæ, уый мæ сæры магъз нæ ахста. Фæлæ, цæвиттон, исты æнæаив къахдзæф акодта, уæддæр уымæн уайдзæф ба- кæнын ме ’взаг нæ дæр сарæхстаид. Ахæм сыгъдæгзæр- дæ, тæригъæдгæнаг, æнæаипп зæд дунейыл никуы æн- хъæлдтон æмæ >абон дæр не ’нхъæлын. — Стæй мæ кæд уарзыс, — дзырдта та уæздан хъæ- лæсæй Ацырухс, — уæд иууылдæр ныууадз цуан кæнын. Арс, бирæгъ кæнæ ма æндæр скъæфæг сырдтæн ницы у, фæлæ мæм сæгуыттæ, дзæбидыртæ, сычъитæ æмæ ин- пæ сабыр цæрæгойтæ тæригъæд кæсынц. Дунейыл мæм иууыл рæсугъддæр уыдон цард кæсы æмæ рæсугъддзи- над куынæг кæнын цас аив ми у! Æцæг уæндон æмæ ныфсхаст кæй дæ, уый тыххæй мæ зæрдæмæ иууыл тынгдæр цæуыс, фæлæ дæ кæд мæ хатыр ис, уæд æнæ- уи дæр иунæгæй ма цу цуан кæнынмæ. Исты фыдбылыз дыл куы сæмбæла, уæд æз дæр... — чызг ницыуал загъ- та, æнæдзургæйæ йæ сæр мæ рахиз уæхскмæ æркъул кодта. Æз хуыцауæй хуыздæр хæрзиуæг ницы домдтон. Ра- зы уыдтæн, дунейы цинтæн, рæсугъд фæндтæ æмæ бæл- лицтæн кæй рангуырдтæн, уымæй. Цалдæр боны фæс- тæ Ацырухсы бинонтимæ бафидыдтам. Йæ мад æмæ йæ фыд дæр ницыуал уæлдай загътой. Хæхбæсты æгъдау куыд амоны, афтæ чындзæхсæвы æмгъуыд фæззæгмæ æрцыд æргъæвд. Æз мæ цуан уæддæр нæ уагътон. Цыдтæн куы æм- балимæ, куы иунæгæй дæр. Æцæг мæ Ацырухсы фæ- 142
дзæхст дæр нæ рох кодта, фæлæ иугæр мæ ныфсхаст- дзинад йæ зæрдæмæ афтæ тынг цыд, уæд уый фæстæ йæ иннæ домæнтæ лыстæг хъуыддæгтыл нымадтон. Нæ чындзæхсæвы æмгъуыдæй къуыри раздæр хъæу- бæстæн уыд хоры куывд. Стыр куывд-иу нæм уыд алы аз. дæр, адæм-иу сæ хортæ æнæзианæй куы бафснайдтой, уæд. Уыцы бон фыццаг кæркуасæнты æз мæ зæрдæдзæ- бæхæн цуанкæнынмæ афардæг дæн. Мæ ацыды хабар никæмæн схъæр коДтон, уæд та афтид армæй æрыздæх- тæн, уæд æдзæлгъæды мæхи цæуыл æгад кæнын, зæ- гъын. Фæлæ развæлгъау цæстытыл уад, Фсатийæ ар- фæгонд кæй фæуыдаин, хъæубæсты куывд сырды фи- зонджытæй кæй сфидауын кодтаин æмæ та кады нуа- зæны аккаг кæй бауыдаин. Уымæй Ацырухсы цæсты дæр кæй фæкадджындæр уыдаин, ууыл дæр нæ гуырыс- хо кодтон. Боныцъæхтæм схæццæ дæн, сæгуыттæм мæ зæрдæ кæдæм æхсайдта, уыцы хохмæ. Ам арæх фендæуыд сæ- гуыттæ, мæхæдæг дæр дзьт уый размæ аз амардтон. Фæ- лæ ацы хатт ницæуыл хæст кодтон æмæ зæрдæсастæй хæтыдтæн. Æмбисбонмæ æввахс ну къæдзæх рæбыны бæрзоид æмæ фæтæн залмы сыфты астæу цыдæр къæрццытæ ауад мæ хъустыл. Мæ зæрдæ фæкъæпп кодта. Мæ гуы- рысхо дзæгъæлы нæ фæцис: дыууæ сæгуыты залмы сыф- ты фæстæ кæрæдзи стæрдтой, кæрæдзнйыл узæлы- дысты. Сæ фенгæйæ зæрдæ уæрыккау скафыд. Мæ амондæн сæм арæхстджын лæуд фæдæн. Рæстæг сафын дзæгъæлы уыдаид. Мæ дыууæхстон æрæввонг кодтон. Гæрах æмае ме ’рдыгæй лæууæг къаннæгдæр сæгуыт хæрд- мæ фæхаудта, стæй йæ гæндзæхтæ бацагъта. Йе ’мбал сæгуыт уæлæмæ къæдзæхы ’рдæм айста йæхн. Дыккаг нæмыг ууыл бахардз кодтон. Иу фæлдæхт акодта, фæ- лæ та ног цæппиттыртæгæнгæ лидзыпмæ фæцис. Фæцæ- фис, кæрдæгыл йæ тугвæд бæрæг дардта. Иæ фæдыл бафтыдтæн. Уайтагъд æй баййæфтон. Иугæр сырд арæхдæр куы фæлдæхт, уæд базыдтон нæ къах кæй фæцæф æмæ йæ нал фехстон. Удæгасæй мæкъухты баф- тыдаид, уый мæ фæндыд. Æцæгдæр фæстагмæ мæ къу- хты бафтыд æнамонд сæгуыт. Ме ’ккой йæ скодтоы æмæ йе ’мбалы агурæг рацыдтæн. Фæлæ уый бирæ агурын нæ бахъуыд. Кæм афæлдæхт, уымæй цалдæр метры æддæдæр байбыны йæ хæмхудтæ сагъд, афтæмæй йæ мардæй ссардтон. Цæмæй йæ туг æгасæй рацыдаид, 143-
уый тыххæй йын йæ хурх кардæй чысыл балыг кодтон. Фырцинæй мæ йæ хуылфы дзаумæ уым акалын дæр ферох. Удæгас сæгуытæн йæ къæхтæ фидар бабастон, сæ дыууæйы дæр сæккой кодтон æмæ, мæ фæллад ни- дæмæ æрдаргæйæ, нæхимæ ратагъд кодтон. Мард сæгуыт хъæубæстæн схæлар кæндзынæн, куывды дзы физонджытæ фæцараздзыстæм, удæгасы та Ацырухсæн балæвар кæндзынæн, нырма уал ыл фæцин кæндзæн, стæй та дзы куы схъыг уа, уæд та йæ уадз æмæ ссæрибар кæнæд, — ахæм хъуыдытимæ, уæлахиз хæстонау, здæхтæн нæхимæ. Гутонæй хуымон гал уадзын афон уыдаид, афтæ æрхæццæ дæн хъæумæ. Комкоммæ куывды бадæг адæм- мæ скодтон мæ фæндаг. Ас адæм фынгыл бадтысты, фæсивæд фæндыр æрхастой æмæ сæ цины хъæлæба, сæ «æрс тох»-æй зæрдæ хъæлдзæг кодта. Мæ уæхскыл дыууæ сæгуыты ауынгæйæ адæм сæ цæл, сæ хъазт фæуагътой æмæ джихæй сæ каст ме ’рдæм скодтой. Æрбатыгуыр мыл сты. Сæ дисæн ма кæ- рон дæр кæм уыд. Раст зæгъгæйæ, мæхæдæг дæр фыр- цинæй куыддæр джихау уыдтæн. Æцæг фыдæбон бирæ фæкодтон. Фæстаг хатт кæй фехстон, уыцы сæгуытæн мæнæ, зæгъгæ, йæ фæдыл рæвдз нæ лыгътæн, уæд æнæ- мæнгæй фесæфтаид. Фæлæ уæддæр дыууæ сырды иумæ амарай, ахæм цаутæ стæм вæййы. Адæмы æппæлæн ныхæстæ цыма хъуыды дæр нæ кодтон, уыйау сæрыстырæй фæлгæсыдтæн. Фынгтыл бадæг ас адæм дæр, цыппар-фопдз зæропд лæгæй дард- дæр, растадысты æмæ мып мæ уæлахиздзипады тыххæй арфæта? кодтоп. Чызджыты ’хсæн Ацырухсыл дæр схæцыд мæ цæст. Йæ цæсгом мæм цыдæр тар, æрхæндæг фæкаст. Æвæц- цæгæн, æфсæрмы кодта, адæм иууыл мæныл кæй æр- тыгуыр сты, иугуырæй ме ’взыгъддзинадыл кæй дис кодтой, уымæй. Адæмы бардзы ’хсæн зæххыл хаудæй лæууыд мард сæгуыт. Ие ’мбалы къæхты баст дæр суагътон æмæ æнæбары дзойтæгæнгæ иу ран æнæзмæлгæ лæууыд, йæ буар дыз-дыз кодта. Иæ цæф синæй йæ туг лæдæрст. Нæ хъæуы иу Бетъа, зæгъгæ, æнæхил, ацæргæ лæг, фæлтæрд цуанон уыд. Сырды хъæлæсы уагмæ хъусгæ- йæ уый загъта кæрæдзийæн цы амонынц, цы фæдзæх- с’ынц æмæ æндæр ахæмтæ. Нырма дæр афтæ зæронд нæ уыдис, фæлæ цуаны рæстæджы иухатт къæдзæхæй 144
рахауд æмæ ма тыхæй фервæзт. Уый фæстæ та йæ арс -фæнадта æмæ йæ син фелвæст. Йе уымæ гæсгæ йæ цуан кæнын раджы ныууагъта. Бетъа сырдтæм хæстæг- дæр бацыд, сæ дыууæйыл дæр йæ къух æрхæстытæ код- та, стæй цыма хæсджын уыд, уыйау адæмæн амыдта: — Адон хъуаз æмæ нæл сæгуыт сты. Сæ дыууæ дæр нырма хæрз æвзонг сты, уый сæ сæфтджытыл дæр бæ- рæг у. Адон, растдæр зæгъгæйæ, нырма уарзæттæ уы- даиккой, кæмдæр сæ зæрдæйы дзæбæхæн, æвæццæгæн, тезгъо кодтой, сæ цардæй радысты. Фæлæ ныр кæсут сæ хъысмæтмæ?! Нæл сæгуыт дæр нæ фервæздзæн. Ныртæккæ йын йæ хурх ралыг кæнын хъæуы. Сылгоймæгты ’рдыгæй кæйдæрты тæригъæдгæнаг ныхæстæ мæ хъустыл ауадысты: «Дудгæ бадат, куыд тугтæригъæд уыд сæ фæхицæн...», «Æвæдза, ацы лæг- тæ сырдæй сырддæр сты!..» Уалынмæ, ныссæххæткæнын æввонг дондыппыр ми- гъау, Ацырухс мæ разы æрбалæууыд. — Цъаммар, хъæды сырд! Бирæгъ йе скъæфын нæ ныууадздзæн! Абонæй фæстæмæ мæнæй дард, æнак- каг! — Ацырухсы фыдæх æнæнхъæлæджы мæ сæрыл нык- калд. Тынгдæр йæ тызмæг цæстыты æнгас арцау ныхс- тис мæ зæрдæйы. Афтæ æвирхъау фескъуыд мæ рæсугъд бæллицты таг. Ацырухсы мæ фенын дæр нал бафæндыд. Ахæм уæззау маст фæразын мæнæн дæр мæ бон нал бацис æмæ мæ бинонты æвастæй Уырысмæ фæлыгътæн. Уай- тагъд райдыдта Германы хæст æмæ мæхи фæндæй йæ цæхæры мæхи баппæрстон. Цалдæр азы фæхæтыдтæн Уырысы. Мæ хъæумæ ма æхсæз азы фæстæ æрбаздæхтæн, фæлæ ма цæй хъæу, æрмæст ма дзы ме ’фсымæры къæс æрæййæфтон. Чи- дæртæ ма дзы Цæгат Ирмæ алидзынмæ сарæхстысты, иннæтæ меньшевикты ныхмæ тохы бабын сты. Уыцы тохы бабын, йæ рæсугъд зæрдæмæ фæндаг кæмæн не ссардтон, уыцы Ацырухс дæр. Æмæ та æз дæр ног мæ- л'и айстон, æвзонг зæрдæ кæй уындæй рыст, уыцы бы- нæттæй. Фæлæ фыды уæзæджы уарзондзинад иууыл тыхджындæр кæй у, уый фæстæдæр базыдтон. Ууыл къух сисæн нæй. 10. Нартыхты М.
рлдзыратæ УАЛДЗЫГОН САГЪÆС Уалдзæг Ирыстопы алы къуымты барджыпæй зилы. Зымæгыл фæуæлахиз æмæ ныр цпиы бæрæгбонтæ ’рвиты. Хъызт боитимæ йын æнашхъæлæджы бацайдагъ карз тох. Уайтагъд ын пæ урс-урсид кæрц æррæдывта æмæ йып йæ быдыргъытæ айнæг хæхты бæрзонд цъуппытæм сæхста; йæхæдæг цымы бурбын къуыбыртæй йæ уæлахи- зыл худæгæй бакъæцæл. Уалдзат, цыты уазæгау, дарддæр зилы мæ рай- гуырæн уæзæгыл. Алы къуымты йæ аудæг къухæй æп- иæт бæрджытæ кæны. Мадау рæвдауы зымæгæй æфхæрд зæххы, йæ комы тæф дзы уадзы. Æппæты фыццаг уал- дзæджы феиыимæ цардцыбæл малусæг сирд кодта йæ чысыл цæстытæ. Цы бакæна! Хуры хъарм тынтимæ йæ ^уарзопæй, рæстагæй фæнды цæрыи, цип кæпы, фæлæ йын æрдзы æгъатыр тыхтæ хаттæй-хатт пæ дæттынц уый фадат. Хъарм хуры тынтæм райхæлы, сæрыстырæй рафæлгæсы къæбырæй, фæлæ йын тыхгæнæгау рæстæ- гæй-рæстæгмæ æхсæвыгæтты æвирхъау æрбабырсгæ хъызтытæ йæ уæздан хурхыл бахæцынц, йæ мидбыпаты йæ асæлып кæпыпц. Уалдзæг—цины, царды цины рæстæг. Мæргътыл æвд- гай æвзæгтæ базайы. Уæртæ кæрдобæласыл хъулоприу чысыл маргъ абадт: «Дуду цъиу, дуду цъиу», зæгъгæ, пал æнцайы йæ хьæрæй æмæ фырцинæй рæстæгæй-рæстæгмæ хæрдмæ фæхауы, лыстæг къалиуыл куы иуырдæм абады, куы — иннæрдæм. Зæрвагыкк дæр ма кæм æнцайы йæ сомытæй, ардхæрыпæй: Кæд дæ лæггæдтæ, Кæд дæ дзæбæхтæ Мæнæй искæдбон Царды ферох уой, 146
Уæд фæсмоигоид фон, Уæд бындурзылд фои, Мæ сæр дуры бын цьн-и-ист... Ироы легеидæ куыд зæгъы, афтæмæй зæрватыкк зæх- хыл ахстон быдта æмæ йæ адæймаджы аудæг къух фер- вæзып кодта хъæстæ калмы дзыхæй, адæймаг ыи радта йæ хæдзары иууыл æдасдæр ран ахстоны быпат. Уалдзæг... Цардыл, фидæныл рæсугъд бæллицты рæс- тæг. 1964
ОЧЕРКТÆ УКРАИНАГЧЫЗГ Уый уыдис 1952 азы сентябры мæйы. Æз нырма фыц- цаг хатт уыдтæн Лагодехы районы. Зæрдиагæй мæ фæн- дыдис, цæмæй Буденныйы номыл колхозы куысты но- ватортимæ базонгæ уыдаин, уæлдайдæр та мæн фæнды- дис Социалистон Куысты Хъайтар, украинаг чызг Пав- ченко Лидæйы фенын... Æз чысылæй фæстæмæ бæллыдтæн хъайтарты уынд- мæ. Арæх-иу хъуыды кодтон, зæгъын, хъайтар у, æвæц- цæгæн, цахæмдæр стыр уæнгты хицау, тыхджын, æмæ уый бынтон хицæн кæны иннæ адæймæгтæй. Хуры сыгъзæрингъуыз тынтæ ма гæзæмæ ныдзæвды- сты Хъварелы хæхты тигътыл, афтæ бахæццæ дæи Бу- денныйы номыл колхозмæ. Мæ фæндаг цыдис нартхоры хуымты астæуты. Уыдонæц нырма сæ фылдæр уыдысты тонинаг. Дымгæйы уддзæфмæ ставдбындзæфхад нарт- хæртты бур-бурид сыфтæ, уарзæттау, сусу-бусу кодтой. Нартхоры хуымты æрфæнæй хъуысти сылгоймæгты цъæх- снагхъæлæс зард. Зардмæ байхъусгæйæ, æз рахатыдтон гуырдзиаг адæмоп зарæджы зæлтæ: «Уарзын Къахеты, о, мæ фыд, Къахеты хæхтæ, быдыртæ». Мæн фæндыдис уыдонмæ бацæуын æмæ колхозы сæрдар кæм ис, уый базонып. Фæлæ уæддæр цыдтæн размæ. Цыма мæ къæхтæ мæ коммæ нæ бакастаиккой æмæ не ’рлæууыдаиккой, афтæ мæм касти. Уалынмæ мæм хъæуæй иугай хæдзæрттæ æрбазын- дысты. Цы нарæг фæндагыл цыдтæн, уый баиу ис уæрæх сосæ фæндагимæ. Иу-цалдæр мнпуты фæстæ мæм хъæуы ’рдыгæй æрбазындн, стыр саусауид нард бæхтæ ифтыгъд кæуыл уыдис, ахæм бричкæ. Бричкæ мæ цурмæ куы ’рбаввахс, уæд бæстон бакастæц, цы æрыгон чызг дзы бадтис, уымæ æмæ бричкæмæ ноджы хæстæгд^р балæу- 148
уыдтæн. Æз уайтагъд рахатыдтон, чызг гуырдзиаджы æнгæс кæй нæ уыд, уый, æмæ йæ уырыссагау афар- стон: — Хорз чызг, зæгъ-ма мын, кæцы колхозæй дæ? Уый бæхтæ фæурæдта æмæ мын зæгъы, Буденныйы номыл колхозы уæнг кæй уыдис, уый. Уый фæстæ йæ афарстон, сæ колхозы сæрдар Гобозты чызджы цы ама- лæй федтаин, уымæй. — Сæрдар ныртæккæ хуымты ис. Уæртæ уый нæ кол- хозы клуб у,— ацамыдта мын чызг цалдæр хæдзары ’хоæнты чъырæйцагъд бæстыхаймæ, — уырдæм уал бацу æмæ дæм æй æз барвитдзынæн. Чызг хатыр ракуырдта, быдырæй йын нартхор ласи- наг кæй ис æмæ йын кæй рæджы кæны, уый тыххæй æмæ бæхты рохтæ базмæлын кодта. «Цымæ чи уа уыцы уырыссаг чызг? Куыд хуымæ- тæг æмæ куыд æгъдауджын у?» — хъуыды кодтон мæхи- нымæры клубмæ цæугæйæ. Уыцы изæр сæрдар Гобозты Маро æрæгмæ бацыдис клубмæ. Уый мæныл зæрдиагæй сæмбæлдис. Бирæ цæ- мæйдæрты йæ фæфарстон. Йæхæдæг дæр мæ фарста Ирыстоны хабæрттæй, ирон адæмы куыст æмæ цардæй. Маро мып пыфс бавæрдта, зæгъгæ, райсом уæддæр хуыцаубон у, æмæ Павченкойы дæр уæд фендзыстæм. Дыккаг райсом Маро колхозы уазæгдонмæ æрбацы- дис. йемæ уыдис саудзыкку, сауцæст чызг æрвгъуыз къабайы. Йæ цæсгом æмæ йæ цæнгтæ уыдысты хурсыгъд. Йæ риуыл цæхæртæ калдтой фондзтигъон Сыгъзæрин стъалы æмæ Ленины орден. —Уый та дын украинаг номдзыд чызг, нæ колхозы буцдзинад Павченко Лидæ, — загъта худæндзастæй сæр- дар, йе ’мбалмæ ацамонгæйæ. — Ацы уазæгимæ æз базонгæ дæы, æрмæст æввах- смæ нæ, — загъта, мæ къухыл ныххæцгæйæ, украинаг хъайтар. Мæнæн уайтагъд мæ зæрдыл æрбалæууыдис, знон бричкæйы цы чызджы федтон, уый. Куыддæр фæтыхс- тæн, исдугмæ ныхас нал сфæрæзтон, æрмæст ма сдзырд- тон: — Павченко Лидæ! Павченко Лидæ! Уыцы бон мæнæп Лидæ фæдзырдта йæ царды исто- ри. Фæлæ йын йæ ныхæстыл арæх не ’ууæндыдтæн. Колхозон куыстыл-иу пыхас куы цыдис, уæлдайдæр-иу æй йæхи цæджы куыстæй куы фарстон, уæд-иу йæхи 149
кой пе скодта. Арæх æппæлыд сæрдар Гобозты Маро æмæ Ленины орденджын Лисякова Клавдияйæ. Буденныйы номыл колхозы æз баззадтæн æртæ боны. Лидæйæн йæхи куысты тыххæй бæстондæр бафарстон сæрдары, уымæн æмæ мыы Лидæ йæхи куысты тыххæй ницы загъта. Æз ныр базыдтон, Лидæ æрмæст Буденныйы номыл колхозы буйдзппад пæу, фæлæ дзы æгас Гуырдзыстоп дæр сæрыстыр кæй у. Уый уыдис бынтон хуымæтæг, ны- хасмæ— уæзбын, куысты та — арт æмæ æхсон. Лидæ йæ зæронд мадимæ Буденныйы номыл кол- хозы цæры æрмæстдæр 1942 азæй фæстæмæ. Гитлерои лæгмарджытæ Украинæйыл арт куы бафтыдтой, уæд Ли- дæйыл цыдаид æртындæс азы. Украинæйы эвакуацийы рæстæджы Лидæ йæ мад æмæ ма цалдæр уырыссаги- мæ. æрхаудис Гуырдзыстонмæ. — Цьт хъауджыдæр у, мæ уарзон Цæдпсы альт ран дæр — мæ хъæубæстæ, мæ хæлæрттæ, ме ’мбæстаг уар- зон адæм. Уæлдайдæр ам ирон æмæ гуырдзнаг адæм мæн уарзынц сæхи хъæбулау. Мæп ацы хæлардзинад разæнгард кодта адæмæн пайдайы куыстмæ, — дзырдта- иу Лидæ. Лидæйы Будеиныйы номыл колхозы уæнгæй куы айстой, уыцы аз бацыдпс фæскомцæдисы рæнхъытæм дæр. Фæскомцæдисы æмбырды Лидæ дзырдта: — Лрд уын хæрьш, зпаг кæй басыгъта, уыцы Украппа:- йы помæи, фашистон лæгмарджытæ кæй æрцауыгътой, уыцы фыды номæй, куыд æз уæ хæслæвæрд сæххæст кæ- нынæн, мæхиуыл ницæмæй бацауæрддзынæн. Æцæгдæр Лидæ йæ дзырд хъуыддагæй равдыста. Колхозы цæгдарæй нысангонд æрцыдис 1948 азы. Æмæ фенын кодта диссаджы хъару. Уымæ фпдаргонд цы нарт- хоры фæзуæттæ уыд, уым алы гектарæй дæр нывæзты 22 цептнеры бæсты æрзайын кодта 50 цеитперы, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд «Кады нысаны» орденæй. Уæдæй фæстæмæ Лидæ фылдæр бæрн æнкъарын райдыд- та. — Æз цы сарæзтоп уагæры уый бæрц? Науæд ацы куысты куы нæ уыдтæн, уæд цы уæлдай æрцыдтæн хор- зæхджып? — арæх-иу пæхи фарста Лидæ? Нæй, æпцонад н’ал ардта уæдæй фæстæмæ. Дыккаг аз Лидæ нæ нарт- хоры фадгуытæп райста æртæ пормæпæ бирæ фылдæр, гектарæп — 75 центнеры. Советоп сæрдарад та Лидæ, 150 \ \
Лпсякова Клавдя æмæ сæрдар Гобозты Маройы схорзæ- хджыц кодта Ленииы орденæй. Лидæ ныр бынтон æфсæрлы кодта, уæлдайдæр, адæм-иу ын куы дзырдтой, зæгъгæ, ды нæ амондæн æр- хаудтæ нæ колхозмæ, уæд. Лндæ уæдæй фæстæмæ зымæг дæр хæрз нзæрмил- тæм иал цыдис хæдзармæ. Арæх-иу ын дзырдтой, зæгъ- гæ, дæхи æгæр ма тыхсын кæн æмæ-иу сын уæд Лидæ дзуапп лæвæрдта: — Быптоп фæхудннаг уыдзыпæн, фидæпмæ къад- дæр тыллæг куы рансоп, уæд. 1951 азы сæрды Буденны- йы номыл колхозы уæпгтæ цингæнгæйæ газет фæйнæ- рдæм скъæфтой æмæ Лидæйæн арфæ кодтой, Социалнс- топ куысты Хъайтары ном кæй райста, уый тыххæй. Газеты рæсугъд фотопывты сæрмæ ставд дамгъæтæй фыст уыдпс: «Социалистои Куысты Хъайтартæ». Сæ иуьт бып та кастысты: «Павчспко Лидæ» æмæ дарддæр: «...гектарыл æрзайыи кодта 100 центнеры нартхор». Павчеиконмæ базопгæйы рæстæг æз нымайып мæ царды мидæг иууыл æхсызгондæр цаутæй сæ иуыл. Ли- дæмæ ма уыднс иу хорз мипиуæг. Уып арæх кастпс æв- цæлои рæстæджы апвадон литературæ. Уыдис æм Къос- тайы чиныг уырыссаг æвзагыл. Лпдæ иронау дæр кæд хорз зыдта, уæддæр æфсæрмы кодта, ныхæсты æрцæ- вæнтæ хатт сæ быпæтты кæй пс ’вæрдта, уын тыххæй. Æз иу райсом цыдтæн Буденпыйы номыл колхозæй. Мæ хызынæй систои нроп æвзагыл Тарас Шсвчеикойы чиныг æмæ йæ Лпдæйæн балæвар кодтон. — Зон, мæ хæлар, украинаг а^æмы стыр поэты прон адæм дæр кæй уарзыиц. Ацы чиныг дæм уæд ироп æмæ украинаг адæмты ’хсæц æнæфехæлгæ хæлардзипады ны- санæн, — дзырдтои украипаг хъайтарæн æмæ пыи «хæрз- бон» загътон. 19,54
ОЧЕРКТÆ ИУ ÆХСÆВЫ СУСÆГДЗИНАД Ацы чысыл очеркы хъайтары чиныгкæсджцтæ нæ> зонынц. Уый нæ кусы бæрнон бынаты, йæ риуыл нæй иунæг орден дæр æмæ никуы дæр, трибунæйæ ныхас кæнгæйæ, æркæсып кодта адæмы йæхимæ. Иæ кой ис æрмæстдæр, цы уагдоны кусы, уым, къулы газеты. Йе* ’мкусджытæ дзы феппæлынц йæ намысджыи, иузæрдион" куысты тыххæй. Уый у советон хуымæтæг фæлойгæн- джытæй иу, йæ професси у уынгмæрзæг. Махæй алчи дæр, æвæццæгæп, æнæ рахатгæ пæ фæ- вæййы, горæты уынгтæ райсомæй хæрзмарзт, хæрзæфс- пайд кæй вæййынц, æмæ нзæрырдæм та — уæлдай рыг- дæр. Махæй рох вæййы, зымæгон уазал æхсæв пæ ад- джып фыпæймæ куы бахæццæ вæййæм, уæд уынгмæрзæг кæп ныууадзы йæ хъарм уат, йæ бинонты, кæй райсы йæ къухмæ уисой æмæ куыстмæ кæй фæтагъд кæны. Фæ- мæрзы уыпгтæ суангдæр бопы цъæхмæ, архайы, цæмæй* йæ куыстаг райсоммæ, цалынмæ адæм пæма сызмæлы- дысты, уæдмæ фæуа æмæ йе ’мбæстæгтæ сæ горæтыл фембæлой хæрзæфснайдæй. Уый цы уынг марзта, ууыл уыд мæ фæндаг, æхсæв* мæ куыстæй рацæйцæугæйæ. Ацы уынгыл æй æнафоны иу æмæ дыууæ хатты, мыййаг, нæ федтон, фæлæ йæм мæ хъус пикуы ’рдардтон. Чидæр, æнæзонгæ æмбæстаг йæ куыст кæны æмæ йæм цы хъуамæ æрхъус дардтаин. Ныр дæр æнафоны мæ фæндаг ракодтон ацы уын- гыл. Советон Цæдисы гимны фæстаг зæлтæ раджы бата- дысты уалдзыгон уæлдæфы. Ильичы цырæгътæ æрвон стъалытимæ æнæмæтæй хъазыдысты. Унæр никуыцæй’ хъуыст. Афтæ зыпдис, цыма Леуахи дæр фырфæлладæй кæмдæр ныффынæй. Æрмæст ма æхсæвы’ æгуыппæгады, хъуытазау, зæлыд уынгмæрзæджы уисойы унæр. Куыст- вæлтæрд цæнгты ритмон змæлд æнæкъуыхцыйæ даргъ- 152
хъæдджын уисой, хосдзауау, дардыл сæрфта æмæ, йæ- къах арæхстгай исгæйæ, цыдис размæ, ме ’рдæм. Уынгмæрзæг исдуг йæ кусын фæуагъта, йæ уисойы æнцой алæугæйæ, цахæмдæр сагъæсты аныгъуылд, стæй йæ раздарæны дзыппæй систа къухмæрзæн æмæ йæ йæ цæстытæм бахаста, йæ цæссыгтæ кæй сæрфта, уый бæ- рæг уыд. Æз тынг бацымыдис кодтон æнæзонгæ сылгойма- джы зæрдæрисы аххосагмæ. Иу уысм афæнд кодтон уы- мæ бацæуын æмæ йæ бафæрсын, фæлæ мæм аив нæ фæ- каст. Чизоны йын цы сусæг маст ис, стæй йæм, чизоны, æфхæрæгау дæр фæкæса, æцæгæлон адæймаг ын йæ’ зæрдæйы рыстмæ куы ’внала, уæд уый дæр,— ахъуыды кодтон мæхинымæр æмæ мæ фæндаг дарддæр кодтон. Иæ дыккаг бои цыдæр хъуыддаджы тыххæй бацыд- тæн Цхинвалы хæрзарæзты къанторæмæ. Дысоны уынг- мæрзæг уым кæрты иу даргъ бандоныл бадт. Æз æй уай- тагъд базыдтон æмæ йын салам радтон. Салам мын радта уый дæр æмæ йæ бандонæй фæцæйстад, фæлæ йæ æз нæ бауагътон. Уыцы уагдопы кæй куыста, уый æз кæд фидарæй зыдтон, уæддæр ма йæ «ам кусыс?», зæгъ- гæ, афарстон. Уый «о» куы загъта, уæд ын раргом кодтон, сæ директормæ мæ кæй ис хъуыддаг æмæ кæм ис, зæгъгæ, та йæ афарстон. — Æз дæр уымæ æихъæлмæ кæсын, сихоры улæфты р’азмæ йæ нал æрбаййæфтон æмæ ныр улæфты фæудмæ кæд зыпид, æндæра мæ хæдзар дæрддзæф у æмæ ма мын уырдыгæй ардæм дыууæ хатты чи цæуы, — загъта мын сылгоймаг. Уалыпмæ нæ рæзты рахызт хæрзарæзты къапторæйы бригадир Кокойты Федыр æмæ мын мæ къух зæрдиагæй райста. «Цы дæ æрбахаста», зæгъгæ, дисгæнæгау мæ афарста æмæ дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæ мæ ногæй афарста: — Ды Икъоты Маргойы кæцæй зоныс? — мæ фарс- мæбадæг астæуккаг кар, асæй рæстæмбис сылгоймагмæ ацамыдта. — Мæнæ ныртæккæ базонгæ стæм æмæ абонæй фæ- стæмæ зонгæ уыдзыстæм, — дзуапп ын радтон æз. — О, æмæ дæ, уæдæ, абонæй фæстæмæ исчи куы фæр- са, нæ горæты уынгмæрзджытæй раззагондæр чи у, зæгъ- гæ, уæд-иу ын æпæгуырысхойæ зæгъ, уый мæнæ иæ ма- ды хай кæп у. Стæй-иу дын уый разæй æндæр искæмæй куы ’ппæла, уæддæр-иу дæ ма бауырнæд, — загъта мын 153
Федыр худæндзастæй. «Мæ куыстмæ тагъд кæнын», зæгъ- гæ, уайтагъд хатыр ракуырдта æмæ фæцæуæг. — Федыр цæстмæхъус пыхæстæ кæны, — загъта м ш Марго, лæппу куы ацыд, уæд. Æз рахатыдтæн, Федь.р ацы пыхæстæ зæрдæбыпæй кæй дзырдта, ууыл Маргс йæхæдæг дæр кæй пæ гуырысхо кодта, фæлæ уый йæ пы- хас хъазыпы ’рдæм æрмæстдæр барæй кæй аздæхта. Рагон зонгæтау, бирæ фæныхас кодтам. Дзырд кæд- дæрцддæр дзырд сайы æмæ мын йæ царды хабæрттæ лæмбыиæг фæдзырдта. Суанг ма чындздзон чызг куы уыдис, уæдæй нырмæ йæ царды бирæ пывтæ мæ цæстьт раз сыстадысты æмæ мын йæхæдæг дæр бар кæм радта, уымæ гæсгæ дзы пуæй-иутнмæ чппыгкæсæджы хъуамæ базопгæ кæпоп. Уаз æикъарæитимæ мысыд Марго йæ сопты боитæ. Æвддæс азы дæр ыл æххæст пæма цыдаид, афтæ иу уалдзæг Фыццæгæм Майы бæргбоны Цхинвалмæ йæ хæс- тæджытæм уазæгуаты æрцыдис. Уыцы изæр раст ацы уынгыл æпæпхъзслæджы фсмбæлдис гвиргвипайаг Хъуы- лымбегты Васяйыл. Лæппуйы фендæй бынтон скъæмдзæс- тыгпс Марго, йæ зæрдæ æпахуыр гуыпп-гуыпп райдыдта. Уый размæ Уахтъанайы иу чындзæхсæвы базонгæ сты Марго æмæ Вася. Вася уæд чызгæмбал уыдис. Маргойы фспгæйæ, йе ’нцойад фесæфт цардбæллон лæппу-л’æгæп. Марго кæд нппæ чызджытæй пицæмæй хицæн кодта, уæд- Йæр Васямæ уымæй рæсугъддæр æмæ хæрззопддæр чьпг пнчпма фæкаст. Уæлдапдæр Васяйы зæрда\мæ цыды- сты Маргопы мыдгъуыз дзыккутæ, йæ сабыр æфсæрм- дзæст æпгас. Марго кæд кафынмæ ппкæмæп сразы, уæд- дæр æй Вася нал иыууагъта, ракафын æй кодта. Цалдæр дзырдæппарæны дæр æм бакодта уыцы бон, фæлæ йын чызг йæ ныхæстæи ннцы дзуапп радта. Гъе, уыцы Вася йыи ныр салам радта æпæнхъæлæджы. Чызг тыпг сæф- сæрмы ис. Марго йæхæдæг къаддæр нæ мысыд Васяйы, фæлæ йæхи къухæй нæ зæрдæйы дуар барæй ныхгæдта, Васяйæп æм пыккæсыиы фадат н& лæвæрдта. Уыцы ’хсæв’^иумæ уыдысты кинопы. Йæ фысымтæм æй Вася иупæгæй бахизын кодта. Лæппу йын уæд æргомæй загъ- та йæ фæндон. Дзырд дардыл у, фæлæ уыцы фæззæг Вася æмæ Марго сæ цард сиу кодтой. Стыр амопдджыныл пымад- той сæхи. Афæдзмæ сын чызг дæр райгуырд. Æцæг ацы хатт Маргопы лæппу фæндыдпс, фæлæ пып Вася Руста- 154
велийы ныхæстæй йæ зæрдæ балхæдта, зæгъгæ, домбайы лæппын сыл уа æви нæл уа, уæддæр домбай у. Маргойы цардæн пог хуыз, ног мидис радтой сабитæ, царды йæм йæ сабиты тыххæй кæд фыдæбон дæр хаудта, уæддæр уыцы фыдæбоны уый уыдта цьтдæр æхцондзипад, нæ сæ хъыг кодта, сомбопы рæсугъддæр, бæллиццаг цард-ну алыгъуызоы варианттæй уадис йæ цæстытыл. Гъе, фæлæ, мæнæ, 1941 азы 22 июнь. Фашистон лæгмарджытæ иæ бæстæм æрбабырстой. Рафæлдæхт æмæ нызгъæлæнтæ Марго æмæ Васяйы бæллицты мæ- сыг дæр. Хъæубæсты фæсивæднмæ фронтмæ фæндараст код- та Марго дæр пæ лæджы. Йæ цæссыгтæ ма сабнтæй бæр- гæ æмбæхста, фæлæ та-иу æнæнхъæлæджы æваст фемæх- стысты. Суанг хъæуæй иу километры дæрддзæгмæ йæ сабитимæ фæцыдис Марго Васяпы фæстæ.. Фæстаг хатт ма ныпъатæ кодта Вася йæ чызджытæп. Маргойæ рай- ста йæ фæндаггæгтæ æмæ фæраст йæ дардвæидагыл. — Тагъд-иу æрыздæх, баба, æз дæм ам æнхъæлмæ кæсдзыиæи, — пæ фыдмæ ныхъхъæр кодта Замирæ. — Æз тагъд æрыздæхдзынæн, æрмæст-иу ды гыц- цийы коммæ кæс, — фæстæмæ фæзилгæйæ ма йæм ра- дзырдта Вася дæр. «Æз тагъд æрыздæхдзыиæн» — йæ уарзон фыды ны- хæстæй ма фæстаг хатт æрмæстдæр уыдон ацахста цьтп- пæрдæсаздзыд Замирæйы хъус. Ацы пыхæстæн иæй фе- рохгæнæн чызджы зæрдæйы. Уæдæй фæстæмæ бирæ дон аивгъуыдтц денджызмæ, чи пæ зоны, мæй цал хатты акалд йæ былтæп æмæ-иу погæй æрдунау цал хатт спа- рæг. Вася ма фæстаг хатт Керчæй иу фыстæг æрæр- вьтста на? бппоптæм. Уæдæн фæстæмæ пичи зопьт, Вася кæм ис, цы фæцис... Иугæр хæст куы фæцис. æмæ демобилпзацпгопд æф- сæддонтæ фæстæмæ сæ райгуырæи хъæумæ куы здæх- тысты, уæд Замнрæ æрвылизæр дæр цыдис, пæ фыдæп фембæлыны дзырд кæм радта, уыцы бынатмæ, фæлæ-иу уый цы зæрдæйæ раздæхт, уыцы зæрдæпæ фæцæрæпт уæ фыдгултæ дæр. Æпиу Замирæйы абон дæр уырны, йæ фыд æнæмæнг кæй æрæздæхдзæп, йæ дзьтрд кæй нæ фæ- сайдзæп, уьтй. Марго йæхæдæг дæр бæргæ рагæй æпхъæ- лмæ каст Васямæ æрæздæхынмæ, фæлæ уьтй дæр хорз зыдта, æмæ Керчьт пом æиæфспгæ нæмыджы ихуарæпи- мæ кæп у баст æмæ дзы Васяйы зæрдæ цæмæй нæ ку- сьтнæй банцадапд, уьтй тьтххæй та иу пæмьтг дæр фаг кæй 155
уыдис. Æвзопг идæдзы ма фæсхæст курджытæ дæр уы- дис, фæлæ уый тыххæй ской дæр никæй бауагъта. «Ау, мæ сабиты æвæрæз, æнахъомтæй дзæгъæлæй пыууадзон æмæ^ мæхæдæг цардагур цæуон! — хъуыды кодта Марго. Хатт- иу йæ сæры æндæр хъуыды дæр сæвзæрд. — «Цынæ* вæййы, уæд та Вася искуыцæй фæзынд, уæд ын цы хъуа- мæ дзуапп радтон?.. О, фæлтау мæ мæлæт!» — æмæ-иу йæ буар сæрæй къæхты бынмæ æнахуыр дыз-дыз нык- кодта. Марго дæс азы размæ йæ дыууæ чызджимæ Цхинвалы æрцард. Уæдæй нырмæ мæрзы Ленины уынг. Уæвгæй ацьг уынджы мæрзæгæн алыхатт йæ зæрдыл æрлæууы Ва- сяимæ фембæлд, йæ зæрдæ фыццаг хатт æнахуыр æнкъа- рæнты зынгæй кæм ссыгъд, уыцы уынг. Æниу дзы цæй’ уынг уыд уæд, гакъон-макъон, цъыфдзаст. Къæвда боньг дæ фыд-зæрдæ ууылты ацыдаид. Ныр уæрæх асфальт уынгæй Маргойы зæрдæ рухс кæны æмæ йыл рыг абадын пæ уадзы. Йæ уыпг Марго æхсæвы сæрфты æвджид ни- куы фæуадзы, бон дзы дыууæ-æртæ хатты дæр азилы, исг куы дзы гæххæтты скъуыддзаг кæнæ папиросы судзæн куы ссары, уæд сæ бырондонмæ ныппары. Иуæй-иу къæ- бæда лæппутæн, уынг кæй бырон кæпынц, уый тыххæй уайдзæф дæр бакæны. Къанторæйы кусджытæй арæх фехъусдзынæ: Лени- ны уынг алы хатт вæййы сыгъдæг, æмæ Маргойы куыст алы уынгмæрзæг дæр хъуамæ бафæзма, зæгъгæ. Ацьг ныхæстæм Маргойы зæрдæ цыдæр æхсызгон хъыдзы ба- кæны. Васяимæ фыццаг хатт зæрдæйæ-зæрдæмæ сæ сом- боны цардыл адджын ныхас кæм фæкодтой, уыцы уынг Ленииы ном кæй хæссы, уымæй райгонд у Марго. Æмæ фыццаг хатт кæм фæмбæлдысты, уыцы быпатмæ æрба- цæугæйæ, Марго арæх æрызгъалы йæ цæссыгтæ. Йæ цæс- тытыл ауайынц йæ ивгъуыд царды нывтæ. Марго йæ царды бонтæй пырма æрдæг дæр нæ ба- тыдта, фæлæ уый йе ’мыдзаг у бирæ хорздзипæдтæй. Цар- ды зыпдзинæдтæй никуы фæтарст æмæ пыр дæр нæ фæтæрсдзæн. Æрмæст, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй дуыейыл уæд сабырад, йæ зæнæджы сомбоиы царды ма- уал сфæлхатт уæнт йæхи хъизæмæрттæ. Уадз, æхсæв нæ горæты сабырдзинад æрмæстдæр хъыгдарæд Леуахийы сæр-сæр æмæ уынгмæрзæджы уи- сойы хъæлæба. 1963
СÆЙРÆГТÆ Уацаутæ Бæллицты базыртыл 3 Æрмкъухтæ 61 Радзырдтæ Фæстаг фыстæг 123 Фæсмонгонд цуанон 134 Уалдзыгон сагъæс 146 Очерктæ Украинаг чызг 148 Иу æхсæвы сусæгдзинад 152
МИХЛИЛ ВЛАДИМИРОВИЧ НЛРТЫХТЫ Я И ТА ДЕВУШКА Повести и рассказы (на осетинском языкс) аоьоо^г задсюэобоь сю Бъшоьтъ 30 С56 ОЬ Зб^О’БЗО^О (ЗсослЬсосойд&о соЬ’^А дбЛд)
Рсдактор М. Р. Казиты Художсственный редактор А. Д. Ванеев Техннческнй редактор А. И. Наниева Корректор Ж. Е. Гаглоева Сдано в набор 26. 11. 86 г. Подписано в печать 22. 01. 86 г. Формат бумаги 84х108Уз2. Усл. печ. л. 8,3. Усл. кр.-отт. 8,5. Уч.-изд. л. 8. Заказ типографии № 2206. Тпраж 2000 экз. Цена 85 коп. Издательство «Ирыстон», 383570, г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Юго-Осетинское областное полиграфическое производственное объ- единение Госкомиздата ГССР, 383570 г. Цхиивали, ул. Московс- кая, 5.