Author: Кодзати А.М.  

Tags: повесть  

Year: 1967

Text
                    ХЮДЙ1Ы ÆХСА?
НЫББАР МЫН,
шмъ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1967


АХСАР КОДЗАТИ ПРОСТИ МЕНЯ, ДЗЕРАССА Повесть на осетинском языке СЕВЕРО-ОСЕТИНСКОЕ КНИЖНОЕ ИЗДАТЕЛЬСТВО ОРДЖОНИКИДЗЕ ф1967
ПРОЛОГ Кæд, миййаг, исчи диссаджы ха- бæрттæ уарзы? Нæ фехъуыстон ма зæгъæд: фыдæнхъæл æй фæкæн- дзынæн. Æз фыссæг нæ дæн. Фыс- сæджы сис мæ къухы уæвгæ дæр никуы уыд. Хатгай зæй ракæлынæн фаг вæй- йы змисы мур. Хатгай фæззыгон къæвда йæ фæдыл расайы зымæ- джы. Хæст Иры зæххæй куы ацыд, уыцы аз нæ хъæумæ æрцыди Дзерассæ. Ирон æвзаджы уроктæ лæвæрдта фæндзæм—æвдæм кълæсты. Ахуыргæнджытæ — хæрз стæм: райдиан кълас дæр уыдис йæ бæрны. Скъола хæст фехæлдта. Ахуыр кодтам колхозы агъуыстыты. Дзерассæйы цæстытæ нын уыдысты гом рудзгуытæ. Уырдыгæй зындысты дунетæ. Арв. Æв- рæгътæ. Бæлæстæ. Гутонрæвдз галтæ. Дон... 3
Абетæ... Алы дамгъæ дæр хицæн дуне. А—йæ цыргъ цъуппæй æнцайы арвыл. Асинау йæ къæхтæ — даргъ. Дамгъæтæн — сæ фæтæг. Иæ фæдыл лæппын- тау рацæуынц иннæтæ. А — агъуыст, арт, авдæн, ар- гъау, амонд... Æ — сыгъдæг ирон дамгъæ. Тулдзы уидæгтау къабазджын. Арф сæ ауагъта айнæджы. Фидар æрлæууыд. Ома, æз — æхсар, æрыгон, æмби- сонд, æгъдау, æфсарм... Б — йæ худы бырынкъæй хураууон кæны. Бадзуры: уынут — быдыр, бæркад, бирæ... Фыццаг бон бауарзтам Цзерассæйы. Йæ ныхас цыди хохаг донау зæрдæйы арфдæр къуымæй. Нуа- зынмæ йæм тындзыдтой хуры тынтæ, бæлæстæ, мæргътæ, сырдтæ... Фестæм каст. Ацыдыстæм. Чи — фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл, чи æрыздæхти нæхи хъæумæ æмæ кæны цæрæнхостæ. Æз дæн ирон æвзаджы ахуыргæ- нæг. Кусын хæхбæсты. Дыууæ азы размæ мæ уаты стъолыл æрбаййæфтон гæххæттыты тыхтон. Цымы- дисæй йæ райхæлдтон. «Зынаргъ Дзег! Дзерассæйы фæдзæхстмæ гæсгæ дæм æрвитын ацы къухфыстытæ. Дзерассæ мæйы размæ амардп ракæй. Куырдта, цæмæй тетрады цы фыст ис, уый дæуæй дарддæр мачи базона, Дзерас сæйæ æмгу сæг С...» 4
Цæссыгтæ ныхъуыргæйæ бакастæн фыстытæ. Кæйдæр уæззау цæстытæ мæ тугдадзинтыл æрæнца- дысты. Уæдæй нырмæ чидæр судзины бырынкъæй æвналы рагон хъæдгоммæ. Цæмæн цæуы зæрдæйы гуыпп-гуыпп? Æви уыдон ивгъуыд бонты къахдзæфтæ сты? Афтæ райгуырдысты мæ мысинæгтæ. Хатыр ракурын мæ байрох и. Марды фæдзæхст нæ сæххæст кодтон: Дзерассæйы фыстыты сусæгга- гæй ницы уыди. Хуымæтæджы хъæууон ахуыргæнæ- джы хъуыдытæ. Сæ фарсмæ сын мæ ницæййаг лите- ратурон фæлварæнтæ саккаг кодтон. Уыцы аиппытæ мæхимæ исын. Зонын æй, Дзерассæ мын сæ ныббар- стаид. Ахæм хæларзæрдæ уыди, æмæ... Дзег.
АВДÆНЫ ЗАРÆГ Ныккæнд кæны зæххы тæф. Бынæй дæр — зæхх, нæ сæрмæ дæр — зæхх. Æртæ боны арвыцъæх нæма фед- тон. Уæвгæ арвæн æнæуидæр фæз- дæджы агъудæй нæй фенæн. Ныккæнды дыккаг дуарæй мæнг рухсмæ фæзыны æрмæст нæ тута бæласы ставд зæнг. Кæддæр мæ Дзыцца йæ къалиумæ сæргъæвта. Цы бæрзонд уыди! Сыфтæртæ су- сæгæй сусу-бусу кодтой, фестъæлфыдысты-иу, цыма адæймаг фыццаг хатт федтой. Ныр тутайы уидæгтæ сты мæ тæккæ фарсмæ. Сæ иу сыджыткъул æрбайгæрста, фæлæ йын чидæр цыр- гъагæй йæ цонг ахауын кодта. Афтид цармыл зæбу- лæй лæууы. Бæлоны къахау — сырх. Æнæавг фæтæ- гены цырагъ, сыджыткъулы мидæмæ цы къахт ис, уым тыхулæфт кæны. Æнуд ын у ныккæнды. Бурæй йæ ала ’взаг сласта, асæрфы йæ къултыл, цыма куыдз йæ былтæ астæры. Дзыцца йæ къæхтæ йæ бы- ны бакодта, мæ дæлфæдтæм бады. Архайы æрдæг 6
быд къуымбил цъындаимæ. Æна иннæ «уаты» ис. Ныккæнд галиуырдæм кæм фæзылд, уым. Дзыццайы æнгуылдзтæ куыд рог змæлынц! Афтæ- мæй хус къалиутау æнæтуг сты. Цырагъ рухс кæны æрмæст уыдонæн. Аууæттæ дзедзырой кæнынц къуымты. Тарст адæймаджы цæстытау. Цæг цæгыл æфты. Ло-ло-ло-ло, а-ло-ла! Лæппу фынæй акæна! Дзыцца мæнæн зары. Цыма авдæндзыд саби дæн. Кæддæр ма фехъуыстон ацы ныхæстæ. Мæ мид- фынмæ уынын, тæнæг былтæ куыд змæлынц, уый. Зæххы арфæй фæцæуы æмыр гуыпп. Зæххы буары тæлфы хæсты маргæйдзаг уд. Цырагъ æмæ къуыбы- лой фестъæлфынц. Мæ фын базгъæлæн вæййы. Иæ зыланг ма райхъуысы мæ хъустæй. Зæрдæ ныддур, сæвдылди цæссыгты. Цæсты агъудтæ дудынц. Цæг æфты цæгыл. Æцитт, Гино, ма та уас, Йæ баппа йын ма алас. Æцитт, рацахс мыстытæ, Мыстытæ ’мæ уæрццытæ! Мысты бахæр дæхæдæг, Уæрццы рахæсс чысылæн. Уый йын баппа дæтдзæни, Гæбыстæ йын кæндзæни... , Кæм ис ныр Гино? Æвæццæгæн цары. Æнæзонд. Цыма йын уым æдасдæр у! Æна йæ цал хатты æрха- ста! Уæддæр та алидзы. Райхъуысти та æмыр гуыпп. Зæхх нынкъуысти. Царæй дыууæ фаст хъæды ’хсæнты мæ сæрыл æр- 7
калди сыджыт, Зарæг фескъуыди. Цырагъырухс фæцудыдта. Иннæ «уатæй» хъуысы хус хъæмпы хъынцъым. Æна дæр нæ хуыссы. Мæ улæфæнтæ мын кæуындзæг нылвæста. Мæ буар бауымæл. Фарс бан- дзыг вæййы. -Атулын иннæрдæм, фæлæ уайтагъд афæллайын. Уæлæ хъæндил æруайы, Иæ къахдзæфтæ нымайы... Дзыцца сыстади. Къуымы цыдæр архайы. Къуы- былой цæуылдæр фæкалд æмæ нал тулы. Цымæ цы бацис хъæндил?.. Ацы хъæндил — хъæндилæг, Иæ базыртæ — æрттнваг, Иæ астæуыл — цыргъ хъама, Иæ уæлæ та — цъæх цухъхъа. — Кæдæм уайыс, хъæндилæг? — Хохæй далæ быдырмæ. Айчы хусы — мæ хæдзар, Карды комыл — мæ фæндаг, Судзины бын — мæ рудзынг. Хæст лæбуры Дзыццайы ныхæстæм. Скъæфы сæ бындзыггай. Зарæг ногæй райгуыры. Æнуд æмæ уы- мæлæй хуыдуг кæны. Уæддæр цырагъы рухсау тохы бацыди аууæттæ æмæ æгуыппæгдзинадимæ. Цæг æф- ты цæгыл. — Цытæ хуийнынц дæ фырттæ? — Тинтæ æмæ Тыбылтæ. — Тины хъазæн фæрæтæй, Ныццæвы йæ зæвæтæй. Фæрæт арвмæ фæхауы, Ьктъалыты нызгъалы. 8
Арвы дуар ныссæтты. Иухатт гомæй аззадис, Иу сау бæх дзы ракастис. — Чи йын быдта йæ къæдзил? — Сырдон быдта, тых быдта. — Уæд Сырдонæн цы дзырдтай? — Ратт мын, Сырдон, дæ иу фат... — Мæ иу фатæй цы кæныс? — Дзæбидыр дзы æртулон, Мæ хæлæртты æрхонон! — Дард у, Хъæндил, дæ фæндаг, Суадз уал махмæ дæ фæллад! Раздæх уал нæм фысыммæ, Рахæсс хурæн хæрзфынтæ! Мæнæ Хъæндил æрхæццæ, Цинæй дзаг у йæ зæрдæ, Авдæн узы чысылæн, Кадæг кæны мæ хурæн. Хæст лæбуры мæ фынмæ. Маргхъæстæ нæмыг — йæ къухы. Цæстыхаутæ сонт пæррæст скæнынц. Мæ гобаны бын хъæмп уæззау хъыс-хъыс кæны. Æрт- хъирæнау. Фын тыххæст ныккæны уæлтъыфалтыл! Фæлæ та зæхх ныууынæргъы. Дыккаг «дуарæй» рух- сы цъыртт тырны ныккæндмæ. Цыма æххуысмæ фæ- зыны. Цæй дуар? Адæймаг тыхамæлттæй кæуылты абыра, ахæм хуынкъ. Авджы# састæй æмбæрзт. Сы- джыт лæбыры. Авджы кæрæттæ æрæхгæдта. Пецы дзыхы йас рухс ма хъары ныккæндмæ. Стыр дуарыл бомбæ, кæнæ сармадзаны нæмыг куы сæмбæла, уæд, дам, ууылты абырæн уыдзæн... Æмæ уыцы хæддзу уазæг ауылты куы сфæнд кæна æрбахизын, уæд та? Уæвгæ йæ кæд тута бæлас бауромид. Цы хорз у, 9
уый дæр нæ уæлхъус кæй ис, уый! Хæст куы фæуа, уæд æй Дзыццайæн чъырæй рацæгъдын кæндзынæн. Иæ алфамбылай та йын белæй скъахдзынæн. Æмæ хæст куынæ фæуа, уæд та? ЦЫДЫСТЫ САЛДÆТТÆ... Фадхъултæм рыг сæлæф митау сæ къæхты бынæй лыгъди. Алы къах- дзæфы уынæр дæр нæмыджы срæ- мыгъдау æмбæлди зæрдæйыл. Зæхх фестади æртхутæг. Бæгъдулæг дзы кодтой зайæгхал æмæ бæлæсты сыфтæртæ. Салдæтты дарæстау — фæлурс. Цыдысты салдæттæ. О, уыцы иу- гæндзон æмхуызондзинад... Зæрдæ дзы фæцъæх. Лæсыди хæст асæстау æнæкæрон рæхы- сæй. Абон дæр ма цæуынц мæ сабибонты рыст ду- нейæ, уæззау цырыхъхъытæ. Сиусты зæрдæйы гуыпп- гуыппимæ. Зæхх, нæ иунæг ныййарæг! Цæмæн дæ хъæуы хъахъхъæнæг! Кæдмæ дыл тулдзысты хотых- ты уæззау цæлхытæ? Кæдмæ дын къахдзысты дæ зæрдæ маргхъæстæ нæмгуытæ! Æфсымæрон ингæн- тыл фæлдæхт къæйты уæзæй ныййарæджы уды тæг- тæ бахуыскъ сты. Æрдæгсыгъд, цæнкуыл бæлæстæ рынчынтау кæ- сынц мигъдзаст къуымтæй. Сæ бынты — сау дзыхъ- хъытæ, зæххы хъæдгæмттæ. Иутæ —сармадзантæ æмæ катюшæты æмбæхсæнтæ, иннæтæ —бомбæтæ æмæ нæмгуыты фæдтæ. Скъолайæн ма æнæхъыгдардæй баззад йæ пец. 10
Арт фæлыгъди. Ахуыргæнæджы фæлмæн хъæлæс æмæ скъоладзауты цымыдис цæстытæ атахтысты. Кæрты — цалдæр ног ингæны. Пецау æнæсыбырттæй лæууынц. Скъолайы кæлддзæгтæм ныджджих сты... Сæрæгас мын кæны Асæгойы хабар. Пост хæссын- мæ уыди. Куыддæр хъæуы сæрмæ æ.рхæццæ, афтæ доны фалейæ райхъуысти топпы гæрæхтæ. Бахъыр- ныдтой сармадзантæ. Асæго ныййарци. Джиноты кæрты смидæг. Йæ ных сарæзта ныккæндмæ. Иу къухы — нымæтхуд. Иннæмæй хæцы егъау хызыныл. Къах цæуылдæр скъуырдта. Фæкалди. Иуцасдæр йæ цыппæртыл афæлвæрдта. Сыстади ног. Дыууæ-æртæ къахдзæфы ма акодта, афтæ хæлаф зæнгæйтты сæр- тыл ауыгъдæй аззади. Æвæццæгæн, сонт хаудæй ас- тæубос фескъуыди. Хорз, æмæ хæдон даргъ уыд, æн- дæр бынтон худинаг нæ кодта? Бæргæ ма йæм фæ- лæбурдта, мæгуырæг, фæлæ адæмы цæст уынаг у. «Æ, мæ куийтæн бæттынæн бахъæуай!» — Асæго дзырдта йæ астæубосимæ. Цуан кæнæм хæсты бызгъуыртыл. Гилдзытæ — æрыскъæфæй арæхдæр. Ноджы алымыггаг. Нæ дзыппытæ байдзаг сты. Иу ран Сæрæгас дзыхълæуд фæкодта. Иæ цæсты- тæ сыджыты ныццавта. — Кæс-ма, Дзег... Саумæрæй зындысты æнгуылдзты кæрæттæ. Æр- дæгтымбыл. Фæндыры амонæнтау—бур. Зæрдæ ныссæххæтт кодта. СæрыхЪуынтыл уазал дымгæ ра- цыди. Къæцæлæй ракъахтам сыджыт. Рахауди дзы адæймаджы цонг. Сау тæбын кофтæйы дысæй зынди гæххæтт. Диссаг! Ногийы хуызист... Дзирæты цонг... Мæ цæстытыл ауади, знон Асæго цы хабар кодта, >ый. //
Мæгуырæг, Дзирæт. Йæ цыппар фырты йын хæст сырдау фæд-фæдыл фæдавта. Сау фæндагæй ма фæ- стæмæ æртæ сау гæххæтты æрæздæхти. Стæй та цыппæрæм. Дзирæты фæстаг ныфсы мæсыг ныккал- ди. Нал ис йæ чысыл хъæбул Ноги. Æппæты кæстæр, æппæты буцдæр. Чи ма расæтдзæнис фæнычы фых кæрдзыны был... Сæумæрайсом уынæргъын райдыдта хæст. Хæ- дзæрттæ сабитау стъæлфынц, рудзгуыты зыланг хъуысы, цыма хæкъуырццæй кæуынц. Хæдзæртты сæрмæ фæздæг нал зыны. Къонатæ ферхæцыдысты хæсты хъылма фæздæгæй. Сæ цин — сабитæ фæлыгъ- дысты ныккæндтæм. Зæронд ус нæ куыдта. Цæстытæ сафтид сты, хуыскъ цъайтау. Рацыди. Хæсты уынæр æм нæ хъуысы. Нæмгуытæ мæлæты мин æвзагæй уа- сынц. Цæуы зæронд ус. Фæздæг къуыбылæйттæй зи- лы йæ фæстæ. Фæздæджы æндæргтæ æмбæрзынц арвыцъæх. Хур сыл рæстæгæй-рæстæгмæ фæкæлы. Цæуы Дзирæт йæ лæдзæг æмæ йæ аууонимæ. Аууон æй йæ фæдыл ласы. Ус ныггуыбыр, цыма аууонæн ахъæбыс кæнынмæ хъавы. Бæстыл цъиузмæлæг нæй. Æрмæст ус æмæ хæст, ус æмæ аууæттæ. Стæй æваст сонт æмыр гуыпп фæцыди. Ус æрбадæлдзæх. Иæ бы- ны зæхх стыдта. Сыджыты куыбæрттæ æмæ дуртæ æврæгътыл сæмбæлдысты. Уынджы арвæмбæрц сус- хъæд бæласæн йæ растæмбис фæндаггæронмæ атах- ти. Фæлурс сыфтæртæ фæуæлгоммæ сты æмæ мард цъиуы базыртау, уæгъд дзедзырой кæнынц. Зæронд усæн йæ кой, йæ хъæр нал райхъуыст. Æниу кæмæ фехъуыстаид? Алчи йæхи сау хъæдгæмттæн схос кæ- нынæн ницы фæразы. Тас æмæ хæсты аууæттæ кæл-кæлæй худынц цар- æфтыд уынгты. 12
ГАГИЙЫ „АВТОГРАФ" Гагийы мнтæ рох нæ уыдзысты. Ра- гæй нырмæ йæм нæ дæндæгты къæс-къæс цæуы. Иу рæстæг Джи- нойæ цалдæр мæйы фыстæг нал уыди. Сæрæгасы мадæн йæ хуыз бынтон аивта. Исчи æрбадзурæд уынгæй, æндæр-иу æхсидавыл дон бакалæгау фестъæлфыди. Æгас æнхъæл нал уыди Джинойæн. Æн- хъæлмæ касти сау гæххæтмæ. Иу бон кулдуар ныххостæуыди. — Гъе, хæдзаронтæ! Сæрæгас, уæ Сæрæгас! Мад йæ хъустæм фæлæбурдта. Асæго сæм уый размæ Сæрæгасы номæй никуы бадзырдта. Æдзух- дæр-иу йæ лæдзæджы хостимæ сиу: «Джино». Сæрæгас дуармæ разгъордта. Асæго йын æртæ- тигъон урс гæххæтт йæ къухы фæсагъта. — Хæц! Уый дын дæ Бабайæ. — Нана, о Нана! Бабайæ фыстæг! Дуар цины уылæнæй фегом. Иæ хæцæн къулыл сæмбæлди. Сæрстытæ æркалдысты. Зыланг кодта лæппуйы цин. Æгуыппæгдзинад æмæ тас фæкæс-фæ- кæсгæнгæ сæхи райстой уатæй. Мады баййæфта хуыс- сæныл дæлгомæй. Цин æй уæззаугай рабадын кодта. Иæ къухтæ къалиутау фæйнæрдæм аппæрста. Уый уыдис æмбисонды исдуг! Лæппуйы къух фæцис дыу- уæ уадулы ’хсæн. Фыстæг зæрдæйау змæлыд йе ’нгуылдзты. Мады цæссыгтæ тад здыйы æртæхтау ныттагъдысты лæппуйы зæрдæйыл. Æртæ мæйы дæргъы Джино уæззау цæфтæй хуыс- 13
сыди рынчындоны. Фыстæг ныффыссынхъом нал уы- ди. Бæстон хабæрттæ нын радзырдта, хæстæй куы сыздæхти, уæд. Дыккаг бон Сæрæгасы мад нннæ хæттытау бы- дырмæ ацыди. Хæдзар лæппуйы ’вджид ныууагъта. Снхорафон кæрты дуармæ фæзындн æртæ нæлгойма- джы. — Нана кæм и? — фæрсы Гаги. йæ къухы цыбыр лæдзæгыл фидаргонд уыди джебогъ. Зæххы йæ фæ- цавта. — Быдыры. — Джино та? — Хæсты. Ау, Гаги нæ зоны, Джино, хæсты кæй нс, уый? Нанайы-иу арæх куы фарста, уæ лæгæй цы хабæрттæ нс, зæгъгæ? — Æмæ уæхимæ нйкуы ’рбацыдн? — Ннкуы. Знон дзы фыстæг уыдн. Нæлгоймæгты цымыднс æнгас кæрæдзиуыл ам- бæлдн. Гагн йæ лыстæг къубал размæ раивæзта, джебогъы фындз та зæххы фæцавта: — Уæ куыст кæнут. Ацы ардыд къæбыламæ ма хъусут. Нæ фæрæдидзыстут. Гаги комкоммæ барасти мидæггаг уатмæ. Къуым- тæм йæ цъæх æхсынцъыты хуызæн туаг цæстытæ баппæрста. Лæгтæй нумæ фæдзырдта æмæ уайтагъд шифанер нæ бынатæй фенкъуысти. Байгом кодтоп дуар. Дзаумæтты ’хсæнты Гагн йæ къух фæцавта. Ауындзæнты хъыс-хъыс ссыди. Рахаудн дзы зæронд æфсæддон пнлоткæ. Джинонтæ Дзæуджыхъæуы цур куы хæцыдысты, уæд сæхнмæ æхсгæ уад æркодта. Сæрæгасæн балæвар кодта ацы худ. — Нæ уын дзырдтон? Нæ фæрæдыдыстæм.— Пи- 14
лоткæ джебогъы фындзæй уаты астæумæ фесхуыста. Лæппу йæ сисынмæ хъавыди. Фæлæ йыл Гаги уыцы- ну тъæлланг фæкодта: — Æ, куыдзы хъæвдын! Кæм ис дæ фыд? — Хæсты, зæгъгæ, дын нæ загътон? Уый фæстæ рацыдысты сæрдыгон хæдзармæ. Раг- уалдзæг уыди, арт дзы нæма кодтой. Æфснайдæй дзы лæууыдысты цъылинæгтæ æмæ нартхоры хъæл- лæгътæ. Гаги бабырыди сæ сæрмæ. Йæ джебогъ-иу се ’хсæн фæцавта. Уыдон сæхимидæг сус>*бусу код- той. Ныр та цармæ сарæзтой асин. Уазджытæй иу йæ ронæй сласта дамбаца æмæ разæй фæхилы. Йæ фæ- стæ—Гаги æд джебогъ, йæ къубал сивæзта. Рай- хъуысти уынæртæ, цæйдæр футт æмæ сонт гæрах. Гаги фæцудыдта, асинæй йæ æнæбары рагæпп кæнын бахъуыди. Царæй сæрдыгон хæдзары æмбæрзæн дур- тæм асæррæтт ласта дынджыр цъæх гæды. йæ фæс- тæ та æндæр, арыд рувасау— гæрæм. Рагуалдзæг уыди, нæ загътон? Дæле цы «уазæг» лæууыд, уымæн мидбылхудтæй йæ цæстытæ барухс сты. Арфæйаг фæуат, гæдытæ. Лæгдзннад канд адæй- маджы нæ хъæуы. Фæзындн Сæрæгасы мад. Фæхабар æм чынди. — Гаги, дæ цæрæнбон бирæ, нæ гæдыты нын чи фæтæрсын кодта. Æхсæв-бонмæ нæ сæ уасынæй хуыс- сын нæ уадзынц. Фæлæ, ’кæй агуырс, уый дæумæ не ’вдæлы. Къæрныхтау кæй æрбацыдыстут, æмæ мын мæ хæдзар хынджылæггаг кæй скодтат, уый тыххæи та уæ хуыцау ма сразы уæд. Фæстаг ныхас нал райхъуысти. Хъуырмæ цы цæс- сыгтæ схæццæ сты, уыдоны сæвдылди. Фыстæг Га- 15
гимæ баппæрста. Гаги йæ æнæдзургæйæ систа. Йæ адрисмæ йын æркасти, пецы сæр æй авæрдта æмæ уынджырдæм батагъд кодта. Цæуыл уыди йæ фæс- мон? Æвастæй кæй æрбалæгæрста, ууыл? Галæй кæй æрбацыд æмæ хъугæй кæй фæцæуы, ууыл? Джигул, æвæдза, Гагийы сæры хъуыди. Иæ къух æрæвæрын дæр тыххæй фæрæзта. Хъæусоветы сæр- дар! Уый ирон æмбисонд нæу. Иухатт дын æм гæххæтт агурæг бацыдтæн. Иæ секретарь уым нæ уыди. Гъемæ йæ сæр бахъуыди. Мæхæдæг æй афыстаин, фæлæ ахудыны тыххæй... Иæ разы æрæвæрдта æндæр гæххæтт æмæ уымæ кæс- гæйæ райдыдта «ныв кæнын». Иæ къубал раивазы. Бирæ фæкæсы, цыма фыстытæ нæ, фæлæ сыстытæ сты. Пъеро гæххæттыл уæззаугай лæсы, хохаг гал- уæрдонау йæ хъыс-хъыс цæуы. Алы дамгъæйæ дæр мын Гаги уыгард кæны мæ зæрдæйыл. Къуымых карды комæй æрзилы æмæ нервыты кæрæттæй кæй адзæнгæл ласы, чи та дзы æрдæглыгæй удисæджы ратул-батул байдайы. Гагийы хырх мæ бынтондæр куы ауæнгтæ кæна, уымæй тæрсгæйæ мæхи рудзын- джырдæм райстон. Телеграфы телтыл ирон ныхасы бадæгау рарæнхъ сты уазджытæ — зæрватыччытæ урс куырæтты æмæ сау нымæтты. Сæ боцъотæ сæ ронбастмæ. Зæрдиаг ныхас кæнынц, æрмæст сæхæ- дæг æмæ сæ фысым-уалдзæг кæй æмбарынц, ахæм хъæлæсæй. Мæ дæлæвзаг, æнæрай фæуа, тæппалау абадти цыдæр мелоди. Мæ былтæ сæхигъдауæй ацъупп сты. «Æмбисонды» симфонийы зæлтæм Га- гийы зæрдæ нæ баради: — Гъей, кæуыл æхситт кæныс, кæ? Тагъд дæхн айс ардыгæй. Дæ мадыл-иу æхситт кæн. Гагийы хъуырыл фыдджынкæрдæн фæйнæгау цы 16
æнцъылдтæ уыди, уыдон сырх-сырхид афæлдæхты- сты. — Гаги, хатыр, æнæбары мын сирвæзт, уæртæ зæрватыччытæн хъырныдтон. Ме ’нæрхъуыдыдзинадыл мæм фæсмон бæргæ æр- цыди. Ноджы Гагийы дæр куыстæй ныкъкъуылымпы кодтон. Мæ гæххæтт ма мæ къухы куы бафтид... Гагийы «автограф» ныр дæр ма мæхимæ ис. Ис- куы уын æй фенын кæндзынæн. ДИЗИРТИР Ламатти сæ цармæ мæлæты арæх быры. Не ’хсæн кау йедтæмæ ницы ис. Сæ тыргъ мæм армытъæпæнæй хуыздæр зыны. Асин æдзухдæр йæ быны æвæрд. Фæстаг рæстæджы цармæ къулæнцой алæууы, табуаф- си, хизут мыл, зæгъгæ. Ламаттийы цæстытæ уырытау кæрты къуымты азгъорынц, кауыл схилынц æмæ нæ кæрты смидæг вæййынц. Ничи ис. Æз æм нымады нæ дæн. Ус йæ фæдджитæ йæ къухы атымбыл кæны æмæ æд къæрта асинтыл рог суайы. Цасдæр афæстиат вæййы. Уый фæстæ асин йæ даргъ къæхтæ æнæмæтæй ауадзы тыргъты бын. Иубон та тæбæгъы хъæрм- хуыпп схаста Ламатти цармæ. Афтидæй йæ куыд æриста, уый дæр федтон. Цы йын ис цымæ цары? Куыдз? Æмæ рæйгæ нæ кæнид? Стæй сæ куыдз кæр- ты куы ис. Æдзух мигъмæ ниуы, фæлæ йæ хъуыды- гæнæг нæй. Кæд Ламатти цары фæхæры? Æмæ зæх- хыл йæ къæбæр йæ хъуыры нал цæуы? 2 Ныббар мын, Дзерассæ 17
Бирæ дис кæнын мæ нæ бахъуыди. Сихорафон Ламаттиты кæртæй рацыди æнахуыр уазджытæ. Сæ иу — æфсæддон дарæсы. Цыди гуыбырæй, цыма йæ аууоны уындæй не ’фсаести. Кулдуармæ сæм æнхъæл- мæ касти Гаги. Хъæусоветмæ сивгъуыдтой. Ламатти кæркдоны фæстæ бадти æмæ кауы хуынчъытæй касти. Хъæуыл апырх ис, Ламаттийы фырт Баккоса, дам, «дмзиртир» у. Цæмæй зыдтон, дизиртир цы у, уый. ÆРГЪÆВСТ ДАМГЪÆТÆ Саузым хъæуы уынгтæ нылвæста. Салд хæдзæрттæ арф аныгъуыл- дысты бæлæсты бынты. Хæсты нос- тæй — сыхырнайау. Сæ тыхулæфт хъуысы. Бæлæстæ сæхи батавынæн дæр не ’сты. Цъыфдзæстытæ, галы- фæдтæ æмæ Астæудон ихæй ныд- дæвдæг сты. Фæздæг салфнывæзт уæлдæфы уазалæй къæдзтæ кæны. Хæдзæртты хъæдгæмттæй кæсынц хæсты æндæргтæ. Ныннæрынæввонг. Къæхты бын- зыланг кæнынц ихы сæстæгтæ. Хъусты та — уæлдæф. Иу ахæм бызгъуыр хæдзары стæм æвддæсæй. Æвд- дæс хæстæфхæрд уды. Хæсты ныккæндтæй чи схызти, зæххы уымæл йæ буары кæмæн ис, ахæм æвддæс уды. Цæстытæм бакасти фыццаг тын, тарст бæлонау. Нырма йын тæссаг у атæхынæй. Нырма æнæнцой æр- диагæй фестъæлфы. Мæнг бандзæвдæй фыдыусау ныхъхъыс-хъыс кæнынц дæргъæй-дæргъмæ фанерæй 18
стъолтæ. Алкæмæн йæ бандон — йæхицæй. Иу уæхс- кыл — хæцъилæй хызын, иннæуыл — бандон. Цып- пæрдигъон хуынкъ хæссы рудзынджы ном. Йæ дыу- уæ уæллаг цæсты — фанеры гæбæзтæй æмпъызт. Ин- нæтыл кæрæдзи уæлæ амад сты æрдæглитруат банкæ- тæ. Банкæйæ банкæйы æхсæн — бызгъуыртæ тъыст. Мидæмæ æрбахизыныл тыхамæлттæ кæнынц рухс æмæ уазал. Уазалæн фылдæр æнтысы. Уæраджы сæр- тæ æмæ къухтæ дойнаг дуртæ фестадысты. Къулыл — фанерæй фыссæн фæйнæг. Тæнæг сау ахорæн нæ ах- хæссыди кæрæттæм. Æндæхтау лыстæг хæххытæй аззадысты. Фæйнæджы сæрмæ — Сталин. Иæ хъæбы- сы — саухил уынгæгцæст чызг. Уæззау рихиты бынæй ивылы рæдау мидбылхудт. Цæстытæй цæсгомы алы- вæрстæм лыстæг æнцъылдтыл згъорынц цины уылæн- тæ. Бæзджын сæрыхъуынты амбæхсынц. Чызджы цæнгтæ æртыхстысты хъуырыл. Дыууæйæ дæр аны- гъуылдысты дидинджыты. Ахæм ныв ис нæ «Абеты , чиныджы» дæр. Йæ бынмæ фыст: «Советон Цæдисы сывæллæттæ сты амондджын æмæ хъæлдзæг. Уыдон нæ зонынц сæ фыдæлты æфхæрд, мæгуыр цард пад- дзахы рæстæджы». Тетрæдты бæсты фыссæм газеты гæххæттыл, зæ- ронд чингуыты. Мæ зæрдыл æрлæууыди нæ картофы хуым. Рæсугъд рæнхъытæй-иу сæвзæрди. Иу афон-иу Дзыцца бавдæлди æмæ губаккæй губаччы ’хсæн йе ’фсæнбын лæдзæгæй нартхоры нæмгуытæ тыхтъыст ныккодта. Хъуыдыдыйæ хæрынæн, дам, уыдонæн æмбал нæй. Чиныджы æмæ газеты хæрзаив рæнхъытыл мах дæр æрæвæрæм æнарæхст чъиллон дамгъæтæ. Дзерас- сæ йæ удæй арт бæргæ цæгъды. Иæ мел фæйнæг къупп- къупп кæны. Цыма зонды галуаны дуар хойы. Фæлæ 19
Цы хъуамæ рантыса æргъæвст æнгуылдзты бы- нæй? Бабызы лæппынтау узгæ рацæуынц фыс- тытæ. Кæйдæр арфæ мыл сæмбæлди: мæ хъуыддаг фæ- рæстмæ. Нæ шифанеры сæр цалдæр азмæ æнæхъæи æргъом æрæмбырд хæсы гæххæттытæ. Буртæ, цъæх- тæ, зынгхуызтæ... Сæ уæлæ—рæсугъд лыстæг ныв- æфтыдтæ. Чи нæ хъæуы, ахæм гæххæттытæ дзы куыннæ уыдзæн! Иу бон сæ Æна райхæлдта. Се ’хсæ- нæй рахауди æмдзæвгæты чиныг. Чи зоны, куыд æр- бахауди ардæм. Æна йын йæ рыгтæ ныццагъта. Зам- манай «тетрад»! Æмдзæвгæты рæнхъытæ—цыбыр. Сæ тæккæ стырдæр — мæ кæстæр æнгуылдзы дæр- гъæн. Фæрстæй бирæтыл æрмæст иугай куплеттæ. Иннæ иууылдæр æнæфыст быдыр. Сæрæгас мæм хæ- лæгæй амæлдзæни. Ноджы уыцы хабары фæстæ... Цалдæр боны сагъæс чъиллон мигъау йæ цæстытæй нæ хизы. Уыцы райсом æй баййæфтон къулы æмбуар бадгæ. Къласы ма уыди цалдæр чызджы. Цæуылдæр хи-хи кодтой. Сæрæгас сæм йæ хъус нæ дардта. Ру- дзынгмæ йæ цæстытæ сарæзта. Зынгæ цы кодтаид чъизи æвгты æддейы? Мæ фенд ын æхсызгон уыди. Зына-нæзына йæ былтæ бангæстæ сты. Мидбылхудты хуызæн. Чызджытæ та ныххудтысты. Сæрæгас ногæй рудзынгмæ азылди. Уатмæ ма чидæртæ æрбацыди. Чызджытæ уыдонмæ фесты. Фæзынди Дзерассæ дæр. Журналы бæсты йæм уыди тæнæг тетрад. Байгом æй кодта. Афарста: — Кæй фæнды фæйнæгмæ рауайын? Иу къордæй сæ къухтæ сдардтой. Дзерассæ жур- налмæ æркасти. — Зараты Сæрæгас. Сæрæгас сыстади. Æнæдзургæйæ йæ сæр æркъул и. 20
Аныгъуылди бæмбæджджыны æфцæгготы. Фыр- æфсæрмæй ныссырх. — Нæ бацæттæ кодтай? — фæрсы йæ Дзерассæ. Сæрæгасæй сыбыртт нæ хауы. Æфсæрмæй судзы. — Рынчын исты дæ, Сæрæгас? Лæппу ма исдуг алæууыд, стæй йæ цыдæр хъуы- ды йæ бынатæй фенкъуысын кодта. Райхъуысти уæз- зау гуыпп-гуыпп. — Цырыхъджын гæды.— Мæ хъус ацахста кæй- дæр хъæлæс æмæ сонт пыррыкк. Сæрæгасы донызылд цæстытæ айдзаг сты маст æмæ æрдæгсаст ныфсы уа- зал уддзæфæй: тутагуыбын Тъохыл мæгуыры бон кæндзæн. Сæрæгас ахæмтæ нæ бары... Æз ын фæ- комкоммæ дæн йæ къæхтæм. Уæрджытæ арф аны- гъуылдысты зæронд уæззау цырыхъхъыты. Æвæццæ- гæн, цалдæр азы кремы хъæстæ чи нæ фæци, уыцы сæрак нал бафæрæзта. Скъуыдтæ баиу сты уæлфады лыстæг æнцъылдтимæ. Бæмбæджджын æмпъузæнты бын фæци. Иу иннæйы æккой бады. Уæлдай æмхиц- дæр сты рæмбынкъæдзтæм. Сагъæсты гуппар... Дзе- рассæ фæкомкоммæ цырыхъхъытæм. Фыццаг куыд- дæр джихæй аззади. Цæстытæ фæсмонгондæй æр- хаудысты гæххæттмæ. Тæригъæд æмæ катайы æн- дæргтæ схъуырдухæн сты. Уæдмæ Сæрæгас хъæрæй кæсын райдыдта: Мах заводты, колхозты рæзæм, Нæ фæидаг у рухсмæ уæрæх. Нæ сабн дуг — амондджыи махæн. О, бузныг нæ бæстæ, нæ зæхх!.. — Иттæг хорз,— загъта Дзерассæ æмæ Сæрæга- сы сбадын кодта... — Уый дын цырыхъджын гæды! — куыдта Сæ- 21
рæгас Тъохы гуыбыныл бæхбадт скæнгæйæ. Тымбыл къухæй йын рад рауагъта йæ цæсгомыл. Тъохæн йæ фындзы туг фемæхсти. Фæлвæрдта уæззау цырыхъ- хъыты бынæй рабырыныл, фæлæ йын не ’нтысти. Аф- тæмæй сæ раййæфтон урокты фæстæ уынджы. — Цæуыл марут кæрæдзи, куыдзы хъыбылтæ? — дардæй сыл, йæ къухы цы тымбыл тыхт æрчъиаг уыди, уый фехста Асæго. Сæрæгас суагъта Тъохы. Иæхæдæг хъæрæй кæу- гæ араст сæхимæ. Над та, мæгуырæг, Тъохыл ауади. Цæмæн худтысты Сæрæгасыл? Къахыдарæс ын нæ уыди æмæ йæ фыд Джинойы цырыхъхъытæ скод- та. Уый худинаг у? Æз дæр скæнин. Мæ аст азы мæхи фесты дыууæ мæйы размæ. Бабайы куы ’рцахстой, уæд, дам, мæныл афæдз цы- ди. Астæй аппар иу — уыдзæни... Айфыццаг нын Дзерассæ къæбæлтæ скæнын кодта. Цъылинаджы хъæдтæй. Æнгуылдзты ’нгас æндахыл халгонд... Аст къæбæлæй аппар иу. Баззайдзæни ма дзы авд. Авд азы Æна бады сидзæргæсæй. Авд азы йæ кой, йæ хъæр нæй Бабайæн. Æз дæр скæнин мæ фыды цырыхъхъытæ... Цымæ йæ цæмæн æрцахстой? Уый бæсты хæстмæ куы ацыдаид, уæд хуыздæр нæ уыди? Пилоткæ мын схастаид. Сырх стъалыимæ... Мæ «тетрадмæ» бирæ хæлæггæнджытæ фæци. Сæ- рæгас ма афтæ дæр бакодта: — Салдæттæ-иу тамакойæн кæй скъуыдтой, уыцы газеттæ нæ куы уаиккой... Мæ дамгъæтæ расыг лæгтау цудынц. Кæрæдзн ’нцойнæлæууынц— уæд æвæццæгæн, сæтъæпп фæцæ- уид. Иуварсæй сыл худынц æмдзæвгæйы рæнхъытæ: 22
Нæ уарзон фыд, Нæ фæтæг! Дæуыл кæнæм нæ зард. Ды нын радтай Лæварæн Хъæздыг, культурон цард. Дæ рæвдыдæй Тагъд рæзæм, Уыдзыстæм тагъд ыстыр, Уыдзыстæм дын Хъæбатыр, Æндон уыдзæн нæ гуыр. Ныр уыцы «тетрад» музейы сæвæрыны аккаг нæу? Баууæндут мыл, канд мæхи фыстыты тыххæй иæ дзурын. Миййаг искæй йæ фенын куы фæыда. Фæзынæд. Æфснайд у. „АРГЪ 12 КАП." Скъолайы цины уацау апырх: уы- рыссаг пецамайæг Федырмæ ис тетрæдтæ уæййаг. Иунæг тетрад,— æртæ туманы. Æмæ куыд рæсугъд сты! Гæзæмæ бурбын цъæрттæ сын. Сæнтурс сыфтыл — аемраст хæххы- тæ. Уæлæ, телыхъæдтыл цы телтæ ис, уыдонау. Ахуыры фæстæ мæ нæхимæ скъæфы иу хъуыды: Æна мын æх- ца ратдзæн æмæ тетрад балхæндзынæн. Лыстæг хæх- хытыл дамгъæтæ æрбаддзысты зæрватыччытау фæр- 23
сæй-фæрстæм. Æрмæст дамгъæтæ цъыбар-цъыбур нæ зонынц. Уæвгæ Дзерассæйы дзыхы зыланг фæкæ- нынц. Æна мын мæ фæндоныл дыууæ нæ загъта: — Иу бон базары цы кæрчытæ ауæй кодтон, уы- доны аргъæй дын ратдзынæн. Хæдойнагæн æвæрд уыдысты, фæлæ... Зæронд хæдоны дæр уал цæудзынæн. Уыцы тæнæг газетыл фыссыны бæсты... Цымæ йæ фыццаг чи ’рхъуыды кодта? Фыстытыл ма ноджыдæр фысс. Цæххыл цæхх кæнæгау. Ноджы йыл куы ’рхахх кæ- най, уæд пъеройы фындз иннæрдыгæй акæсы. Иæ бырынкъыл халамæрзæнау цыдæр фæскъæуттæ ныд- дæвдæг вæййынц, сæ фæдыл гутоны хаххау фæтæн фæд уадзгæйæ. Æд æхца, æд цин згъорын пецамайæгмæ. — Ци да кау? — йæ цъæх цæстытæ хины уылæ- ныл ленк кæнынц æнæдаст Федырæн. — Тетрад...— мæ иу тыхулæфтæй йын дзуапп радтон æз. — Мидама рац.— Фæлмæн мидбылхудтæй ферт- тывтой цæстыгагуытæ.— Цаш дам иш ахца? — Къæ- сæрыл мæ ацахста Федыры фарст. Иæхæдæг бараст бæрзонд скъаппы сæр тетрæдты æргъоммæ. Цас сты! Мæ цæстытæ сæ зыд нымад акодтой. Фæлæ æз уый уонг нымайын дæр нæма зонын. Цымæ йын кæм уыдысты? — Æртæ туманы. Лæг æваст йæ къух фæсмонгæнæгау æриста фæ- стæмæ. Цыма йæ тетрæдтæ судзгæ акодтой. Иæ цæс- тытæ сагъдæй аззадысты. — Гицил у. Арта ма кау. Шомтæ. Мæ базыртæ мын æрцагътой йæ ныхæстæ. Мае 24
цин æмæ мын ме ’хцатæ цъыфдзастмæ нывзылдта. Æмæ йын сæ ме ’рцыдмæ куы алхæной, уæд та? «Тагъддæр, тагъддæр!» — дзуры мæм мæ хъуыды. Федыр мыл ацы хатт сæмбæлд хъæлдзæгдæрæй. — Хорж лапу, гицил лапу. Иш ахца? Тинг хорж. Скъапмæ нал бацыди. Ме ’уæхск мын æрхоста. Æхца рафæлдæхта æмæ сæ дыууæ нымады бакодта. Стъолы лагъзæй цалдæр кърандасы систа: — Карандаш на кау? — Нæ хъæуы... Хъæугæ та мæ куыннæ кæны! Мæ къæхтæ мæ не ’скъæфынц. Тетрады сыфтæ фе- стадысты урс бæлоны базыртæ. Фæндагыл цалдæр лæуды æркодтон. Кæд, миййаг, исты сахъат у. Кæд счъизи. Мæ цæсты тигъæй йын йæ фæстаг цъары кæ- роныл бакастæн: «12 листов. Цена 12 коп.»... ШЫДБОН, ШЫДЛÆГ —АВДДÆЛДЗÆХ! (Дзерассæйы фыстытæй) Адджын комулæфтау æрбанхъæвз- та сæумæрайсом. Уымæлдзæф стъа- лытæ фæиртæстысты сæ бынæттæй. Барæдзæ-мæдзæ кодтой. Боны уа- зæг сæхи бакодтой. Бон æрцыд æмæ йемæ фарн æр- хаста. Хæст фæци. Цинæрдылд зæр- дæтæ тæхынц кæрæдзимæ. Мæргътæ æмхъæлæсæй зарынц: «Хæст фæ- ци!»... «Хæст фæци!»... Ноггуырд сыфтæртæ арвыцъæх æркъул кодтой сæ уæлæ. Нуа- зынц хæлæфæй. Фырнæрстæй сæ цъæх тугдадзинты тæпп-тæпп хъуысы. 99
Абон хъæуы стыр куывд ис. Дыууæ галы аргæвс- той. Арахъхъ æмæ бæгæныйæ гаджидæуттæ кæрæдзи сурынц. Фынгтæ се ’уæхсчытæ ныббыцæу кодтой. Чъиритæ æмæ фыдызгъæл тыххæй уромынц. Хъæуы æфсинтæй йе ’вæрæнтыл ничи бацауæрста... Скъолайы кæрты зилдух систой фæндыры зæлтæ æмæ сабитæ. Хæсты фæздæгæй чи ныффæсус, фондз азы æгуыппæгæй чи лæууыд, уыцы фæндыр йе уæнг- тæ аивæзта. Риуыдааг ныуулæфыд æмæ хуры тынтыл андзæвыдысты йæ базыртæ. Уæнгтæ æнæбары фе- стъæлфынц, уæртæ фæндыры амонæнтыл уыцы фæрн- джын къухтау. Уый цавæр тых у? Æви фæндыры тæнты æрдзы лыстæг нуæрттæ тæлфынц. Суадонæмæ бæлоны æнæмбаргæ хъуыр-хъуыр, цъитийыл хуры тыны зыланг, уарзæг уды æмæ сыфтæрты тугдадзи- ны æмбæхст хъынцъым, кæрдæгыл цæвæджы æмæ артæвзаджы сонт пæррæст... Фæндыры хъæлæс иуæн дард мысинаджы риссаг зыланг у, иннæмæн — æнæ- сæрфат рог цин. Фæлæ ныртæккæ фæндыр зæрдæты бийы кæрæ- дзиуыл. Кауы уистау сиу сты фæсивæд. Фылдæр сылгоймæгтæ. Симд. Цагъды лыстæг фæзылдæн къæхтæ уылæнау размæ фæпæррæст кæнынц. Уæз- дан æмæ сæрыстырæй змæлынц уæнгтæ. Чызджыты зæрдæтæ æмæ дзабыртæ сусу-бусу кæнынц фæнды- римæ. Уыдон кæрæдзи хорз æмбарынц. Афонмæ кæйдæр æнгуылдзтæ бийынц уарзоны дзыккутæ. Афонмæ сидзæр цæстытæ сагъæсты ’хсæнты кæ- сынц фæндагмæ. Сагъæс даргъдæр у фæндагæй. Са- гъæс уæззаудæр у зæрдæйæ. Цæмæн кафы Уацирæт? Уый хъуамае кафын дæр мауал зонид. Хæстæй ницæмæ ’нхъæлмæ кæсы. Сау 26
хабармæ дæр. Сау хабар æм раджы ’рбахоста дуар. Иæ лæг, дам, хъæуы парткъорды раздзог уыди. Кол- хозты сарæзтыл йæ удæй арт цагъта. Кулактæ дзы æмризæджы рызтысты. 1937 азы йæ фыдæвзæгты азар басыгъта. Гагийы дзыхæй, дам. Уацирæт йе ’фсин æмæ иунæг Дзегимæ баззади. Сагъæс даргъдæр у фæндагæй. Сагъæс уæззаудæр у зæрдæйæ. Кафы Уацирæт. Адæмы цинæй исы хай. 9 Гаджидæуттæ сурынц кæрæдзи. Дзуры Асæго: — Фынг — æртыкъахыг. Фынгыл æртæ чъирийы уро- мынц ирон фарн, ’æгъдау, иамыс. Макуы нын фæ- цудæнт. Кусын æмæ хуыцаумæ кувынхъом куыд уæм. Хæст æмæ фыдæх авддæлдзæх фæуæнт!.. Асæго — хъæуы худындзæг. Иæ фæндырдзагъд хæсты рæстæг дæр нæ бамынæг. Се ’нгуз бæласы бын — йæ бадæн. Мæйы рухсытæ сыфтæрты ’хсæнты æрхъуызынц æмæ урс бæлæттау æрбадынц Асæгойы цъæх нымæтхуд, фæндыр æмæ къухтыл. Хус дæрзæг къух хъистыл куыд змæлы, афтæ мæйрухс дæр пæр- пæр кæны. Цард æмæ бæллиццы ауæдзыл атæхы уд. Фæндырæн йæ зарæг йæ уынгæг хъисты нал фæцæ- уы. Удхар кæнын сисы. Афæсус вæййы. Афтæ зынæй рабырсы сыфтæр, къалиуы арфæй. Афтæ зынæй акъæртт кæны дзæнхъатæ хохы бынæй цæуæг суа- дон. Дсæгойы хуызæн ничи зоны фæндыры ’взаг. Цас сты йæ мелодитæ! Ноджы сыл йæ ныхæстæ куыд хорз фидауынц! Цагъд æвзист талайау нырризы. Кадæ- джы ныхæстæ зараг цъиутау æртæхынц. Талайыл æрбадынц. Ноджы иу кадæджы ныхæстæ алы хатт æмхуызон нæ вæййынц. Цалынмæ музыкæ иунæг вæййы, уæдмæ Асæго хъуыды кæны ныхæстыл. Чер- мен, Таймураз æмæ Хæсанæйы кадджытæ кæнгæйæ 27
хъистæ тыххæй фæуромынц тызмæг æмæ уæззау мыртæ. Фæндыр йæхи ныффидар кæны. Айнæг æмæ зæрдæйы æмуæз маст сыл æрæнцайы. Бæрзонд хæх- тæ фæдзурынц сæ цотмæ. Стæй фæндыры зарæг фæмынæг вæййы. Æрдын дыууæ æртæ рог згъорды акæны хъистыл. Цыма æв- зонг чызг доны сæрты дурæй-дурмæ гæпп кæны. Уд йæ бæллицтæй цардмæ æрæздæхы. Хуры тынау фæл- мæн æмæ рæвдауаг зæлтæ улæфынц удыл. Зараг цъиутæ ногæй æртахтысты æвзисткъалиу бæласмæ. Зары сæ иу: æртæх, мæ дунейы хай. Дæ хъарм был- тæй мын байгом кæн мæ цæстыхаутæ. Уæлæ мæй зæлланггæнгæ стахти арвмæ. Æхсæвы талынг æл- хынцъытæ уарзоны дзыккутау халы. Хъусыс? Ратт мын дæ сатæгсау цæстытæ. О, куыд хъазынц уыдон! Афтæ хуркъæвдайы сæхи фæнайынц саджилкъæдзил сау зæрватыччытæ. Хъусыс? Æркъул кæнын мæ ба- уадз дæ дыууæ урс риуыл. Уадз дыууæ уылæнау мæ ахæссой... Уыдон кæнын’ц амонды ад. Амонд цы хуы- зæн у? Денджызгæрон сæуæхсид... Магнолийы дйдин- джытæ сæ артхуыз <5ылтæ ивазынц арвыцъæхмæ. Мæн тавынц дæ цæстыты сау æртытæ. Уый у амонд. Мæйрухс пæр-пæр кæны Асæгойы цъæх нымæт- худыл, хус æнгуылдзтæ æмæ фæндыры хъистыл. Ацы лæг циндоны тылд у. Хæсты рæстæг йæ куыст ныууадзынвæнд ракодта. Сау гæххæттытæ фæд-фæдыл цæуын куы байдыдтой, уæд йæ зæрдæ нал ради. «Постхæссæджы хызын хъуамæ цинтæй, зарджытæй уа йедзаг. Æз та хъæргæнæг нæ дæн, миййаг. Зæрдæйы дæр æмæ хызыны дæр нæ цæуынц сау гæххæттытæ». Баззади уæддæр Асæго йæ куысты. Фæлæ адæм- мæ хаста æрмæст цинтæ. Сау гæххæттытæ-иу Гагийы 28
стъолмæ баппæрста, уæхи цы фæнды, уый сын кæ- нут, зæгъгæ. Асæго-иу цыма куывды хæйттæ уæрста, уыйау æм иууылдæр хъæр кодтой: — Цин уарай, Асæго! — Цин, мæ хуртæ, æрмæстдæр цин! Зараг лæппу, дам, хæдзар нæ аразы. Уый Асæ- гомæ нæ хауы. Йæ чызджытæ куы рамбырд вæй- йынц, уæд æнæхъæн хæдзары дзаг сты. Фондзæй дæр — моймæдзыд. Йæ ’фырт Сосе та хæсты ис. Асæ- го баззад йæ чындз æмæ йæ фырты æртæаздаыд чызгимæ. Хистæрты фынгæй ныппæррæст кодта зарæг. Уый Асæго ныццæлхъ ласта Уастырджийы зарæг. Дисса- джы рæсугъд хъæлæс! Афтæ зыны, цыма йæ къухы цы галы сыкъа ис, уый фестади нæртон уа- дындз æмæ йæм æрыхъуыстой хохæй, быдырæй. За- рæг исдуг иунæгæй ферттывта Ос-Бæгъатыры æхсар- гардау, стæй йыл хъырнæг хъæлæстæ æрбамбæлды- сты, сæ уæлныхты йæ систой. Ныр зарæг фынгæй нал цæуы, фæлæ дард æрвгæрон æврæгътæй. Алы зайæг- хал, алы маргъ дæр ныртæккæ хъусы уымæ. Фарны зарæг парахатæй æнхъæвзы. Ахæм парахат у, æмæ хурæй нæ тæрсынц, уæд стъалытæ арвыцъæх фе- скъуыдтæ кæниккой æмæ сабитау цымыдисæй æркæ- сиккой Асæгомæ. Хатгай зарæг фæзилы, цыма ар- тæвзагыл уддзæфы улæфт æрбамбæлы. Стæй та гоп- пойцъиуау йæхи сисы æврæгътæм. Ныр та Гагимæ æрхæццæ сидт. Уымæн йæ зæр- дæмæ фондзæхстон куы саразай, уæддæр, дам, хуы- цау æмæ Уастырджийы ном не ’ссардзæн. Уый бæ- сты хицауы кой ракæндзæн. Гагийы даргъ къубалæй ма райхъуысти арахъхъы хæл-хæл. Æвæццæгæн æй рагæй фæндыди ууылты азгъорын. Цæстытæ фæтуаг 29
сты цæсгомы æнхъырдтæй. Фындзы бын — æнгуыл- дзы фæтæнæн рихи, чъирийы карст æм схаста. Карк йæ бырынкъ зæххыл куы хафа, уыйау йæ сæр ныт- тылдта. Рихи у цъæх, цыма былыл джыбы ныддæв- дæг. Кæддæр æй Асæго фæрсгæ дæр акодта: «Дæ диныстæн, Гаги, Гитлер дын ницы бавæййы? Ома, зæгъын, тугхæстæг не ’ййафут? Айфыццаг газе- ты цы карикатурæ уыди, ууыл цы цин бакодтон. Ай, зæгъын, нæхи Гагийы куы {эауагътой. Стæй æркас- тæн, æмæ дын дзы Гитлеры ном фыст. Хуымæтæджы хъыг мын уыди!» Уый фæстæ Асæгомæ районмæ фæдзырдтой. Йæ- хæдæг æй фæзмыдта: «Бакодтой мæ иу стыр хицау- мæ. Иæ гуыбын бынæй нæ цыд æмæ, йæ разы цы стъол уыди, уымæ схизыныл йæ быцъынæг тыдта. Ных æрфгуыты бын фæци. Дыууæ дынджыр пыхс- быны. Сæ астæу тарст уызынтау разгъор-базгъор кодтой лыстæг цæстытæ. Цæсгом — уæззау, æвæлмас. Кады дзæмбыты сæрмыдул. — Цæмæн схуыдтай уæ хъæусоветы сæрдары фа- 4пист? — Гуыбынæй райхъуысти йæ ныхас. — Æз? Нæ хъæуыхицау Гагийы фашист схуыд- 10Н? Æмæ фашист циу, уый хæсты размæ зонгæ дæр куынæ кодтон. — Уæдæ йæ цы схуыдтай? — Гуыбын базмæлыд æмæ та дзы рахауди ныхас. — Хъазгæмхасæнты йын загътон, дæ рихи ма, зæгъын, сау куы уаид, уæд Гитлерæй фæсте ницы- уал ныууагътай. — Цал азы дыл цæуы? — Фынддæс æмæ æртиссæдзы. — Цу. Зæронды хатыр дын фæуæд ацы хатт. Дæ цæрæнбон, зæгъын, бирæ. Мæ уд мæ къухы 30
рахастон. Уæдæй нырмæ Гагийы æмгæрæтты никуал ауадтæн. Кæд искуы сау гæххæтт æрцæуы, уæд ын æй йе стъолмæ баппарын. Смудаг куыдзау йæ му- къу кæй кæрты нæ фæцæвы! Лидзынц, дам, фронтæй æмæ сылгоймæгты фæдджитæй сæхицæн халагъудтæ кæнынц. Айфыццаг та Джинотæм скуыси. Уæ лæг, дам, лыгъд у æмæ йæ схъæр кæнут. Нал та йæм фæ- лæууыдтæн: — Гаги, тохмондагæй цъæх арт куы уадзыс нæр- тон аласайау, уæд дæхæдæг ам цы ми кæныс? Хъæу мæнæ мæхи бар уадз. Сылгоймæгтæн разамынд дæт- тынмæ сарæхсдзынæн. Мæ къух æвæрын уæддæр зо- нын. Иæ туаг цæстытæ мыл уыциу лиуырд æрбакод- той. Йæ къубал мыл æртæ тыхты аци. Иæ ныхæсты фаджысæй мыл къæдз белы дзаг æрбакалдта: — Зæронд хæрæг, дæ пъирийыл хæц, науæд дын ыл æз æртæ цъуттайы сæвæрдзынæн. Иæ мæллæг зонд æндæр цы скарстаид? Районмæ згъорæг та фæуыдаид, фæлæ айфыццаг йæ хъуыддаг фæсыкк æмæ йæ, чи зоны, уый урæдта. Æз ын йæ хъылма фæстæмæ йæ мукъуйыл ба- тъæпп кодтон. Сыст, зæгъын, хъарм ранмæ лидзы. Ды дæр хицауады дæлæрттæй æддæмæ не ’ккуырсыс. Афтæмæй алы трибунæйæ цъах-цъах сисыс, советон, советон! Цыма мах Гитлеры æфсады фæлхæрдтæ стæм!»... Фæндыр æмæ хур æнцой нæ зонынц. Тавынц зæр- дæ. Кафы Дзег. Диссæгтæ! Къах-къухтыл афтæ дæс- ны у? Худинаг мын нæу! Дыууæ азы мæм ахуыр кæ- ны, æз та йæ нæ зыдтон. Уæртæ хъамайау йæ иу къах- фындзыл æрæнцади. Къух рог фехста иуварс. Ца- лынмæ чызг хъазты иу зылд кæны, уæдмæ «æрц», зæгъгæ, цалдæр пæррæсты скодта. Уæртæ фæсиры, 31
йæ ронбастмæ дæр кæмæн не ’ххæссы, уыцы чызджы фæстæ. Ног та къахфындзтæ кæрæдзи ивгæ хъаматы фындзтау фæсагъдысты. Зæххыл не ’нцайынц, фæлæ сæ цыдæр мидхъару ласы йæ уæлцъарыл. Афтæ ма рыг фæндагыл рог пæррæст фæкæнынц тæрккъæвда- йы æртæхтæ. Æмбисонды кафаг уыдзæни, йе уæнг куы сфидар уа, уæд. Ныр æм йæ фыд куы ’рбакæсид искуыцæй. Уацирæт дзы, мæгуырæг, йæ цæст нæ исы... Фæндыр æмæ хур фырфæлладæй тыхулæфт кæ- нынц. ХÆСТЫ ЦАЛХ АТЫЛДИ. Хæсты уæззау цалх атылди хъæу- тыл, хæхтыл, быдыртыл, зæрдæтыл, цæстытыл... Сыгъд фæндæгты рыг — æртхутæгау фæлмæн æмæ судзаг. ;Къахæй йыл бандзæв æмæ ныттæпп кæндзæн фæздæгкалгæ. Æвзартæ ^рыджы тæфæй ферхæцыдысты, хуы- зы цъыртт сæ нал ис. Сæ мидфæнд- ты æрæмысынц уарыны æртах, уд- дзæфы сатæг улæфын. Цæстытæ æмæ цъайтæ сафтид сты, кæсынц арвмæ, фæстаг ныф- сы æртах кæд æрхаудзæн, уымæ. Хæхтырдыгæй мигъ уæззаугай æрбацæуы, бæстæ æрæнуд кæны, рынчын лæджы комытæфау æрæнцайы быдыртыл. Æрæппа- ры цалдæр æртахы æмæ та йæ æнæхайыры дымгæ ахæссы фæсрæгътæм, Залгъæды коммæ. Æрдз, дам, нæ бары адæмæн фыдæхдзинад. Фæуæд, фæлæ ацы æфхæрд удтæ цы аххосджын сты! Гутоны фæдыл цæ- 32
уынæй хуыздæр кæмæ ницы каст, хоры нæмгуытæ ныфсы къæрттытæ кæмæн уыдысты, уыдон цы аххос- джын сты? Фыдæх маргау фыццаг кæй хъæлæсы сæвзæрди, уыдонæн куыд ныббарста æрдз! Æмæ уы« доны нæ басыгъта дунейы азар! Сæ кои, сæ хъæр куынæуал ис. Асæго кæсы изæрон арвмæ æмæ йæхицæн цыдæр- тæ дзуры. Æвæццæгæн, кувы Хоры Уацилламæ, кæ- нæ та иунæг хуыцауæн йæхимæ. Фæлæ хуыцау бæр- зондыл бады. Асæго та гыццыл лæг у. Куыд ын фе- хъуса йæ куывд? Арвыл фæзындис иугай стъалытæ. Уыдон дæр — хус. Асæгойы цæстытау. Афтæмæй уарынмæ æнхъæл- мæ ма кæс. Асæгойы цæстытæй цæссыг куыд нæ ра- хъардзæн, афтæ уыцы стъалытæй дæр æртах не ’рхаудзæн. Иу бон нæ сыхæгты зæронд ус Айсæду куы амард, уæд Асæго кæртмæ хъæргæнгæ бацыд: Иæ-хе-хе, йæ-хе-хе! Æз афтæ ’нхъæлдтон, худгæ кæ- ны. Зæронд лæгты фарсмæ æрлæууыди, й-а, зæгъгæ, ма йæ хъæр райхъуысти. Нæхи Сымси дæр-иу афтæ акодта. Фæлæ Сымси мæсты уыд, Асæго та? Хæргæ-хæрыны Асæгойæн йæ хус цæстытæ ферт- тивынц, цыма сæм хур бакæсы. Æфсæртæ æнуд къупп-къупп байдайынц. Мах Сæрæгасимæ рали- дзæм, науæд нæ худын нæ фæуромæм æмæ нæ къул- бадджытæ схоны. Айфыццаг та йын мæ мад æрæвæрдта хъæрмхуып- пы къус -æмæ цыдæр кæрдæджытæ. Сур хæринагæй дзы ницы уыди. Фæлæ Асæго куыддæр иу хуыпп скод- та, афтæ райхъуысти: къупп-къупп. Цыма мигæнæны бын хостæуыди. Мæ худын нал баурæдтон. Мæхи ру- дзынгæй кæсæг акодтон: — Дæлæ Сымси куыдтæтæ кæны! 3 Ныббар мын, Дзерассæ 33
Сæрмæт дæр ныххудт æмæ уатæй разгъордта. Асæго фæсабыр: — Ы? — Дæлæ, зæгъын, Сымси куыдтæтæ кæны. Уæдæй нырмæ нæ къулбадджытæ хоны... Фæлæ йын диссаджы хæлар зæрдæ ис. — Бæстæ судзы, иу хæстæй фервæзтыстæм, ныр та ныл иннæ рацыд. Адæмыл сæ хуыцау рахатт. Ацы бæллæхтæ дæр уымæн сты. Асæго кæмæн дзырдта, уый зыи равзарæн уыд. Ахæм миниуæг æм ис. Сæгътæ куы ’рбацæйтæры, уæд дзы æнæмæнг фехъусдзынæ: — Уе ’гæр фæкалат, уе ’гæр. Мæ сæгътæй зæ- гъын. Кæм нæ балæудзысты? Ихсыд морæ нымæтхуд æмæ бæрзондхъус зæнгæйт- ты Асæго зынди зокъойау. Р1æ рихитæ æмæ йæ хъæ- лæс æнгæстæ — фæныкхуыз, æнæахадгæ, хус. — Асæго, кæимæ та ныхæстæ кæныс? — йæ цуры æрлæууыди Джино. . — Дзæбæх, мæ хур, дзæбæх.— Асæго йын йæ ны- хас нæ бамбæрста... — Гыде ыздес Ламати живет? — бафарста сырх- дзæсгом бæрзонд лæппу æфсæддон дарæсы. — Кæд ма исты зонын, уæд ды Баккоса дæ, Ла- маттийы фырт. Алыбон æгас нæм цу,— бацинтæ йыл кодта Джино. ’ — Па-асатински нæ панимаю. Æрбацæуæгæн зæрдиаг æнгас уыди. Дыууæ лæ- джы джихæй аззадысты. Асæго фæцарæхсти: — Мæнæ, дæ рын бахæрон, Ламатти ам иæры. Уæдмæ Баккоса сæ кулдуармæ бахæццæ. — Ау, нырма фарон куы ацыди, уæд уырыссаг 34
сæны хъæстæ куыд тагъд фæци? Дæ мадыл дын мæ ’куийтæ фæ... — Кæй мадыл, кæй? —цæхгæр фæзылди сырх- дзæсгом Баккоса. — А-а, æзынма, иронау æппындæр нал зоныс,— йæхи растгæнæгау бакодта Джино.— Дæхи, зæгъын, куийтæй хъахъхъæн. Диссаджы хабæрттæ базыдтам уыцы бон Бакко- сайæ: — Хъæуы сæрмæ куы ’рхæццæ дæн, уæд кæсын æмæ мæм тобылахъы къудзитæй иу сылгоймаг урс дзауматы рацыди. Æз мæхи иуварс айстон, уый мæ фæдыл æнæдзургæйæ цæуы. Мæ цыд фæтагъддæр кодтон, уый дæр. Фæндаджы иннæ фарсмæ бахызтæн, уый дæр. Дур ыл фехстон. Уæд хæйрæг Куыройы до- ны былты нæхи хъæдырдæм айста. — Ламаттийы фырт хæстæй ссыдис æмæ хъæугæ- рон хæйрæг федта,— дзырдтой сыхбæстæ. — Æвæццæгæн, æй чи фæсайдта, уый уырыссаг хæйрæг уыд æмæ иронау уымæн нал зоны,— хъæрæй худтысты фæсивæд... Хæйрæджытæ æмæ дзуæрттæ сарæх вæййынц æх- хормаг заман. Чи зоны, уыдон дæр стонг кæнынц. Кæнæ сын адæм тынгдæр кæй фæкувынц, уымæй зæрдæрухс уæвгæйæ æргом рацæуынц. Æндæр кой нал уыди, Бæркадджыны хъæуккаг ус, дам, дзуар ратæхгæ федта. Уый адыл сдæсны. Адæм æм хуынтимæ цыдысты. «Алы хъæу дæр цалынмæ куывд скæна, уæдмæ уарын сæ цæстæй нæ фендзы- сты»,— дзырдта дæсны. Йæ амындмæ гæсгæ нывон- дæн равзæрстой бæзæрхыг сырх гал. Иæ сыкъайыл ын бабастой сырх хæцъил æмæ йæ хъæуы алыварс æрзилын кодтой. Галы хæд фарсмæ цыдис Асæго. 35
Цы дзырдта, хуыцау йæ зонæг. Тыиг цымыднсаг уы- дпс уыцы ныв. Лдæм — сæргуыбыр. Гал сæ разæй фи- дар къахдзæфтæ кæны. Сæрыстыр æмæ зондджын цæс- тытæй кæсы, йæ сæр тилы. Никуы мæ ферох уыдзæн. Галтæй фылдæр ницы уарзын. Стыр куывд уыди хъæугæрон фæзы. Æрæмбырд сты æппæт сыхтæй. Иунæг чындзæхсæв дæр нæм а^нæхылæй нæ аирвæзы. Уæд ма хъæугуывд та! Абои сæйраг загъдкъахæг уыди Ламаттийы фырт. — Бануаз мæ нуазæн, Сосе! — Мæ бон нæу, Баккоса. Бахатыр мын кæн. — Уыцы иу дын ницы кæндзæни. — Никуы фæнуазын. Фæрисдзынæн дзы æмæ дæ уый цæмæн хъæуы! — Бануаз, зæгъып дын. Марг дын фестæд, уæд- дæр æй бануаз! Сосейæн «нæ» зæгъын дæр нал бантысти. Арахъхъ йæ хæдонæй лæдæрсы. — Æ, куыдзæй чи райгуырд, уый,— Баккосайы былтыл сæмбæлди фыццаг цæф. Сырх цæсгомыл дыу- уæ цъæх цæсты æрдæгхуыст зынгтау фæллад уыды- сты. Ныр сын цыма се ’ртхутæг афу чынди, уыйау а-фттивынц фыдгæнæджы цæстытау. Иæ бæрзонд гуыр фæстæмæ ракодта æмæ тымбыл къухæй ныццæвынмæ хъавы Сосейы. Уыцы рæстæг дыккаг цæф сæмбæлд йæ цдесгомыл. Ацы хатт Сосе архайдта йæ сæрæй. Баккосайæн йæ фындзы туг кæлы, фæстæмæ фæцу- дыдта. Æнахуыр богътæ кæны. Бынтондæр йæ маст рафыхти. Адæм ыл сæхи бакалдтой. Уый иуы дæр нал æвзары. Кæй ныццæвы, уыдон иуварс æрлæу- уынц. Иутæ дзы æнæбары мидбылты бахудынц. Хъус- хъус ацыди, Ламаттийы фырт Баккоса, дам, цæгъ- дæнтæ кæны. 36
Фæзынди Джино. Цыбыр пинджак къуындæг у йе уæнгтæн. Цонджы фæтасæнтæй чысыл уæлдæр дыстæ ныддымстыты. Уæззау къахдзæфтæ дзурынц: «Тыхсгæ ма кæнут, уæддæр æппынфæстаг мæ къухты уыдзæни». Баккоса йæхи срæвдз кодта Джинойы ныццæвынмæ, дæндæгты хъыррыст фæцыди. Джино- йы къухы уидæгтæ йын ацахстой йæ фæсонтæ, иннæ къухы армытъæпæн та æрхæцыди бæзджын хæмхуд- тыл. Сырхцæсгомджыны тъæпп фæцыди нæууыл. — Уæлæмæ, куыдзы хъыбыл! — йæ къæхтыл та йæ алæууын кодта Джино. Фиййаджы йас армытъæ- пæн æруагъта Баккосайы цæсгомыл. Лæппу бамбæрста хъуыддаг. Адæм иугай-дыгай сæ мидбылты худгæ йæ цурæй кæй цæуынц, уый фед- та æмæ доны былмæ йæхи айста. — Дæ нозт цалынмæ ссæуа, уæдмæ дæ мæ цæст куыд нал фена, афтæ,— адзырдта ма Джино йæ фæ- дыл. „ÆЗ КÆМ УЫДТÆН, УЫМ НИЧИ УЫДИ" Баккоса æфсадæй... Ныббарут, æф- садæй нæ, фæлæ лыгъдæй куы сыз- дæхти, уæд нын йæхицæй куыд æп- •пæлыди! Кæддæр дыргъгæсæй дæр акуыста. Иу бон дын æм мæхи байстон. Бады иу зæронд уæлмæр- ды дурыл. Иæ къах рæтæнагъдау адаргъ кодта. Рахиз къухы мучъа æмæ амонæн æнгуылдзæй фындзы хуынкъимæ архайы. Галиу цæст иæ- хигъдауæй æрдæгцъынд авæйпы. Раст цыма мысанмæ 37
ныхъхъавы. Фындзы хъуынмæ ма иу каст æркæны, амонæн æнгуылдзы чысыл фесхуыстæй йæ æрбадæл- дзæх кæны. Стæй та дзыхъхъынногæй райдайы. Ме ’рбацыд ын æхсызгон уыди. Куы йыл æрæмбырд вæй- йæм, уæд ма йын хуыздæр фадат цы уа йæ дзуринæг- тæ скалынæн! — Æз кæм уыдтæн, уым ничи уыди.— Иннæ хæт- тытау та райдыдта Баккоса. Æмбæлттæ ма мын фæ- ци. Чи цъæх нæууыл бады, чи дурыл, чи та йæхи фæткъуыты бынмæ байста. Мамент! Баккосайæн йæ- хи загъдау. — Берлин чи иста, уыцы полчъы уыдтæн... Куыд- дæр ныххæццæ дæн, афтæ мæ камандир йæ хъæбы- сы ныккодта, ноджы кæй лæппу дæн, уый куы базыд- та, уæд... Нæ полчъы мæнæй бæрзонддæр нæ уыди. Иухатт мæм камандир йæхæдæг бадзырдта æмæ мын загъта: æвзаг æрбахæссын хъæуы. Цæй æвзаг, зæ- гъын? Дæуæй домбайдæр, дам, нæй нæ полчъы. Иу немыцаг æвзаг, дам, æрбахæсс. Æфсады фæстæмæ дзурæнтæ йедтæ нæй. Ацыдтæн. Немыцы къазарма дард нæ уыди. Йæ алыварс иу дæргъæй-дæргъмæ, раст мæныйас лæг æд автомат зилы. Куыддæр хæдза- ры тигъыл фæзылди, афтæ къулрæбынмæ мæхи байс- тон. Мамент! Мæхи йыл уыцыиу зыввытт... Мæнæ куыд фæкæнын, афтæ йæм мæ къах фæцарæзтон. Мæ къубуска йын йæ дзыхы фæцавтон. Рахæр-хæр æй кодтон, уæдæ цы уыдаид. Фæсте ма мæ сырдтой, фæлæ мæ нæ зонут згъорынмæ куыд дæн, уый? Уыцы дынджыры куы ауыдта камандир, уæд мæ йæ хъæ- бысы ныккодта. Маладец, дам, маладец. Дзæбæх бо- галыл, дам, дзы фæхæст дæ. Иæ хъустæм, дам, ын нæ кæсыс? Æмæ æцæг йæ хъустæ цыдæр тулатæ уы- 38
дысты — сугсæттæн къодæхтау. Цыма йын сæ нымæт- уæрдджытæ феууæрстой... Нæхи-иу фæткъуытырдæм исын куы байдыдтам, уæд-иу Баккоса æрчъицыдта: — Гъей, сукин синтæ, гæстинцæмæ та баирвæз- тыстут, нæ?" СЫМСИ Цæхæрадæттæ, уынгтæ æмæ кæр- тытæ седзаг уыдысты машинæты æмæ хæцæнгæрзты хæлддзæгтæй. Арæзтам дзы уæрдæттæ. Хъуыдп ма æрмæст бæхтæ æмæ уæд цæттæ «хъæддзаутæ» уыдыстæм. Цы ба- чындæуа? Нæ род ифтындзын нын Æна нæ бауадздзæни. Нæ хъуыды- тæ дæрдтыл фæзылдысты, цынæ дзыхъхъ, цынæ рагъ басгæрстой! Афтид армæй æрыздæхтысты. — Ай, не ’фсургъ барæг мондагæй цъæх арт куы уадзы, уæд нæ сæртæ цы удхарæй марæм.— Нæ куыдз Сымсимæ амонгæйæ дзурын æз. Уый йæ хала- гъуды дуарæй йæ къæхтæ радаргъ кодта. Йæ сым- сымгæнаг тъæпæн мукъу сыл æрæвæрдта æмæ фыны базыртыл дзæнæты цъæх уæлæрвты тæхы. — Дæ хъуыддаг раст! — дзурынц мын Сæрæгасы цæстытæ. Æз дæн Дзыццайы аргъауы хъайтар. Хъуамæ ба- цæуин Æнамæ æмæ йæ бафæрсин: «Мæ фыд цæрæн- бонты хæтæг лæг куы уыди, уæд ын æппын бæх нæ баззади?» 39
«Бæргæ йын баззади, фæлæ уæртæ ныккæнды фаджысæй йæ дыууæ хъусмæ сси: зылд æм нал ис æмæ æндон æрттигътæ æууилы». Дыууадæс цæдæй кæй æрластой, ахæм къæй фæлдахын мæ нæ бахъуыди. «Фæлдысты фæуай, Сымси, æгъгъæд дын нæу фаджысы æмбийынæн?»— йæ дыууæ хъусæй йæ ацахстон. Сапонæхсад, айкæв- дылд кæнын дæр æй нæ бахъуыди. Рæхысæй фервæз- дзæн, уый фембæрста. Лæгъстæгæнгæ мæм скаст. Йæ хъуынджын къæдзил разыйæ тилы. — Марадз, Сæрæгас, Сауийы бæндæн рахæсс. Цас аифтындзинаг у, саргъ, кæнæ йын гуыбынбостæ куынæ хъæуы. Сымси æнцад лæууы. Цæмæй зоны, цы йын нæ зæрды ис, уый. Æнхъæл у, æмæ та йæ бæтгæ кæнæм. Нæ, бæттынæй мауал тæрс. Тæдзынæгæй цыхцырæг- мæ... Нæ, ныр сæрибар уыдзынæ. Уынг дæр фендзы- нæ, хъæугæронмæ дæр ацæудзынæ. Æрмæст нын нæ уæрдон дæ фæдыл лас... Сымси фыццаг йæхи иуварсырдæм аппæрста. Раззаг цалх дурыл сæмбæлди. Нæ хъуыддаг хæлы. Куыддæр Сымсийы фæндагмæ раздахæм æмæ йæ уисæй æрцæфтæ кæнæм, афтæ та каурæбын хæмпæл- тæм йæхи баппары. Æнæ дзылар, æнæ бозийæ ницы: Цæстæнгасæй кæрæдзи бамбæрстам. Бирæ абийынаг нæу дзылар. Уæртæ хус гæны фæскъæуттæ тæрхæ- гыл. Бозийæн та исты бæндæн самал хъæуы. — Сæрæгас, бози гузиты сæрты айс, науæд Сым- сийы къæхты бынмæ хаудзæн. Куыдз ма цалдæр хатты бакæстытæ кодта къу- дзитæм, фæлæ-иу ын йæ мукъу фæндаджырдæм фæ- зылдтам. Уæрдон къуыр-къуыр кæны хъæбæр зæх- хыл. Дыууæйæ дæр бæхтæрджытæ стæм. Иуы къух- 40
ты уис, иннæмæ та — бози. Сæрыстыр куыннæ уон ныр æз ме ’рхъуыдыйæ? Сæрæгас, ды дæр хъуамæ мæнæй уай арфæйаг. Згъоры куыдз. Æндæр ма йын цы гæнæн ис?.. Амад фестæм гæнтæ. Æхсырф кæй байрох код- там, уый хорз нæу. Гæны бындзæфхæдтæ сыджытæй- дзаг сты æмæ уæззаугомау уыдзысты Сымсийæн. Цæй, фыццаг цыдæн ыл бирæ нæ самайдзыстæм. Иу æртæ хъæбысыдзаджы. Хъуамæ сæ афæраза. Гъа- ма, ахæц, Сымси! Куыдз йæхи размæ аппæрста. Уæр- дон иу къахдзæфы бæрц фенкъуысти. Æгæр уæззау ын сты. Дыууæ хъæбысы уал дзы аласæм. Иу — ма- хæн, иннæ — сымахæн. — Æдылы къоппа, æмæ уыйбæрц нæхæдæг нæ ахастаиккам? — фæрсы Сæрæгас. — О, фæлæ... Дæ цæстытæ Хъызлары хизæнты сты? Нæма фæцахуыр Сымси. Фæстæдæр фылдæр ласдзæн. — Мæнæн мæ цæстытæ сты Хъызлары, дæуæн та дæ зонд. Цыфæнды ахуыр куы суа, уæддæр йæ хъа- ру цас у, уымæй фылдæр нæ аласдзæн. — Уæдæ кæд ахуырæй нæу, уæд Джино кусаг цæмæн у, Баккоса магуса? — Уый дæуæн загъдæуа. Джино тыхджын у, Баккоса та... Ацы быцæу нæ хорзмæ не ’ркæндзæн, уый зонын. Æмæ Сæрæгасы ныхас æрдæгыл фескъуыдтон: — Цæй, хорз! Баккоса та — сæнтдзæф... Сымси йæ фæдыл хæр-хæр кæны уæрдон. Гæнты къæдзилтæ рыджы сæвдылдысты æмæ сæ фæдыл урс мигъы къуыбылæйттæ ласынц. Дыккаг бон уæрдон ногæй рацарæзтам. Хъуамæ дзы ифтыгъд æрцыдаид Сæрæгасты куыдз дæр. Иуæй 41
уæрдоны фылдæр гæнтæ ласæн уыд, иннæмæй рæс- тæг къаддæр хардзгонд цыди. Стæй Сæрæгасты куыдз Сымсийæ цæмæй сæрæндæр у! Кусын алкæмæн дæр пайда у. Иудзырдæй, махæй дæр — иу, уыдонæй дæр — иу. Фæлæ дыууæ куыдзы иумæ кæй сифтыгъ- там, уый хъуыддагыл хорзырдæм нæ фæзынди. Ма- хон нæл уыди, Сæрæгасты куыдз та — сыл. Улæфты рæстæг-иу кæрæдзиуыл цинтæ кæнынмæ фесты. Сым- си асæй дæр стырдæртæ уыди, фидæрттæ арæзт. Куыс- ты уæз ууыл кæй æнцад, уый дæр рохгæнгæ нæу. Бозитæ дыууæ кæй систы (Сæрæгас, дæу аххос уыд), уый нын нæ куыст бынтон ныддызгъуынтæ кодта. Уыди нæм фæйнæ бозийы. Куийтæй искæцы иуварс фæзылди æмæ йæ афоныл нæ бафиппайдтай, уæд дæ гуырæй райгæ у. Кæрæдзи-иу загъды бын фæкодтам. Уый хыгъд фылдæр кодтой гæны куыристæ. Гæн та цæмæн хъæуы? Уый дын диссаг! Йæ хæтæл судзы- нæн, йæ фæскъау бæхсныгæн, бæндæнтæн. Нæ чы- сыл цæхæрадоны алыварс цы кау ис, уый дæр гæнæй быд у. Гæны куыристæ цы мадзæлтты руаджы фыл- дæр кæнынц, уый Æна цæмæй зыдта. Æмæ йын æх- сызгон куыннæ уыдаид, йæ фырт фæллоймæ зæрдæ- ргъæвд кæй рауад, уый. Ноджы-иу Сымсийы йæ бынаты бастæй æрбаййæфта æмæ цæуыл хъуамæ ды- зæрдыг кодтаид? Не ’рхъуыды бирæтæн фæзминаг рауади. Газетты æвзагæй куы дзурæм, уæд нын нæ диссаджы фæлтæрддзинадæй фыццаг спайда кодта Тъох. Стæй нæ бафæзмыдтон сыхы иннæ лæппутæ дæр. Фæстагмæ уынг сарæх ис «куыдзуæрдæтты» къуыр-къуырæй. Уый хыгъд сыхæй рæйын нал хъуыс- ти. Рæйынмæ ма æвдæлди куыствæллад куийты? Дзырд «куыдзуæрдон» мæхи хъуыды у. Ау, бæхуæр- дон, галуæрдон, кæнæ хæрæгуæрдон куы ис, уæд 42
«куыдзуæрдон» цæуылнæ хъуамæ уа! Хъуыддæгтæ ихыл бырæгау бæргæ цыдысты. Фæлæ уыцы лукъа- фындз, тутагуыбын Тъох... Цæвиттон, иу бон Æна куыддæр быдырмæ цæуынмæ йæхи срæвдз кодта, ру- вæн йæ уæхскыл баппæрста, афтæ дын ыл Тъохы мад кулдуары цур хæрхæмбæлд фæци. Ие ’фсæр автома- ты мæнгвæдæг басгуыхти. Æнæхъæн хъатара йыл уыцыиу уагъд акодта: — Судзгæ сау гуыбынниз дын æй аскъæфæд! Ие ’мгæрттæй дын фæхъæуæд! Дæ бындур йæ бынæй ныззилæд! Дæ быны хъæрмæ дын дзыллæтæ æры- хъусæнт! Хъуыддаг Тъохы мад куыд сарæзта, ахæм уадис- сагæй дзы ницы уыди. Лукъафындзы дæр æрфæнды- ди сæ куыдзы баифтындзын. Иæхæдæг цы сарæзта- ид, фæлæ мæм иубон замманай нæзы фæйнæджытæ æрхаста. Мæнæн дæр, дам, сараз «куыдзуæрдон». Йæ фæндон ын сæххæст кодтон. Уый ацыд æмæ дзы сæ Хуыбырсы баифтыгъта. Дыууæ табырджиан фысы йас уыди. Уис райста æмæ йын дзы йæ синтæ æр- дзæхст кодта. Фыд-зонд куыдзмæ дын уисæй бавзи- дай! Айтæ-уыйтæ нал фæкодта, хионы хатыр дæр æм иæ разынди. Тъохыл æд уæрдон йæхи уыцыиу æп- пæрст бакодта. Дæ фыдгул дæр афтæ! Рахиз хъус зæбулæй аззади. Фæлæ ма, æвæццæгæн, куыдз цы- дæртæ æмбæрста. Цæсгоммæ нал бавнæлдта. Къу- хыл ма фæхæст. Аныхъуырыимæ йæ хъавыди, фæ- лæ йæм фæсмон æрцыди хъуамæ. Æнгуылдзтæ аууилын ма йын бантыст. Йæ куыст куы фæци, уæд уæрдон æмæ йæ маст халагъуды дуармæ ахæр-хæр кодта æмæ тæргайæ æрхуыссыд. Мад цыфæнды дзурæд, уыдонæн сæ дæсныйад ахæм у. (Уацхæссæг Пæхъæч та афтæ зæгъид.) 43
Фæлæ Тъох йæхæдæг у тæригъæд — лукъафындз, ту- тагуыбыны æдде ма йæ лæппутæ зæбулхъус дæр хондзысты. СУДЗИНТÆ, УАСÆНТÆ, АХОРÆНТÆ... Дзабырты уæлфæдтæ — дæргъытæ хуыд. Уæфстимæ кæм баиу сты, уым дыууæ æнгуылдзы фæтæнæн сæрак æрзылди сæ алыварс. Хæ- дзары бындурау. Сæ фындзтæ — нарæг. Ахæм хъусджын дзабыртæ мын уыдысты зымæгваг. Сæ уæфс- тæ сын ног раив, уæд-иу дыккаг зымæгæн дæр бабыхсыдысты. Стæй сæм зылд фаг уæд. Æхсæвæр дæт- тын сын нæ хъуыди, миййаг. Фæлæ сæ искæцы йæ дзых фæхæлиу кодта, уæд ын ыл афоныл цъутта сæ- вæр. Æна уырзихсыд баци. Цæмæй уый онг ма ’рцæ- уа, уый тыххæй та цъыфдзастæй дам-думæй лидзæ- гау дæхи иуварс лас. Фæсхæсты фыццаг уалдзæг тæрсгæ-ризгæйæ цæ- уы зæххыл. Иæ комулæфтæй тæфсынц салд уынгтæ. Мит къæхты бын фестъæлфы, атæхы маргъы пæррæ- стау. Æрхæццæ кæнынц æвзæрстытæ. Уалдзæджы къултæ дзаг сты лозунгтæй. Сырх дамгъæтæ æмхъæ- лæсæй сидынц: «Хъæлæс кæнут большевикты æмæ æнæпартионты сталинон блочы кандидаттыл!» Фæстаг урочы уыдис æрмæст мæ сæры кæхц. Хъуыды дзабыры гомыл мидæмæ бабырыд æмæ уыр- дыгæй нал æккуырсы. Ахуыргæнæджы ныхæстæн сæ нысаниуæг баззади æмбæхстæй. Уираг дуртау сæры 44
кæхцы байдзаг сты. Сæ зыланг райхъуысы мæ алы къахдзæфæн дæр. Ме ’ргъæ^ст къах сæлæф митдо- ны бæгъдулæг кæны. Зæвæт дойнаг дур фестади. Цъыф бахсыдта уафсы, стæй фæсалы мурты. Къуым- бил цъындайы кæронмæ бавнæлдта. Сосайыл мæ ныхмæ æрцæуы бæхуæрдон. — Судзинтæ, уасæнтæ, ахорæитæ...— фæсус хъæ- лæс зарæгау аивазы ныхæстæ. Бызгъуыртæ æмæ сæ æфсæйнаджы сæстытыл ивы. Уæртæ йын Тъох æнæ- хъæн æргъом бызгъуыртæ рахæссы. — Дзег, ды не ’лхæныс уасæп? — йæ хæзнайæ мын æппæлыд Тъох. Æз кæсын уæрдоны гуыффæмæ. Гæххæттыл рæнхъ- æвæрдæй лæууынц æлыгæй конд сырх уасæнтæ. Цы- дæр маргъы ’нгæстæ. Сæ гуыртыл лыстæг хуынчъы- тæ. Уæйгæнæг дзы иу райста. Иæ къæдзил ын йæ былты ’хсæн фæцавта æмæ мын мæ хъусы дæргъ- вæтин уаст ныккодта. Стæй, цыма цирчы хъазæг у — йæ тæнæг æнæдаст æфсæр бацырын: — Цу, рахæсс бызгъуыртæ. Мæхи фæиуварс кодтон. Нæ хæдзары бызгъуы- рæй цы ис — иууылдæр мæнæ мæ уæлæ сты. Кæд мын мæхи сæрмæ-сæр ивыс дурын уасæныл... Уæдмæ та мæ дзабыр дæр йæхи ’взагæй уасыныл фæци. Йæхимæ хъусгæ баййæфтон Æнайы. Цы зонын, цæуыл иыхас кодтой æгуыппæгдзинад æмæ зæрдæ. Æрмæст сæ иу куыдта..Цалæймаг хатт!.. Æнæрхъуы- ды уыди, цæссыг сыгъдæг у, чи загъта, уый. Куыд у сыгъдæг, сау маст, сау хъыгæй йедзаг цæссыг? Цæ- уылнæ уал уыны Æна? Кæсæнцæстыты сæр æй цæ- мæн бахъуыд? Хъавгæ исын мæ къах. Фæлæ йæ куы æрæвæрын, 45
уæд æнуд хъынцъым бакæны. Донæй дзаг дзабы- рæн гæдыйау йæ цъæм-цъæм хъуысы. Мæ фæстæ æнкъарын Æнайы дондзаст цæстæнгас. Зæрдæ зо- нагу. — Дæ дзабыртæ фелвас, мæ къона. Тæвд доны сæ нывæр... Дойнаг дуртæ батæфстысты. Хуыссæнмæ мæм æр- бахъуызыди фæллад хуры тын. Хъыдзы мын кæны мæ хъуыр. Мæнгæн нæ фæзæгъы Дзыцца: «Сидзæ- ры хуры тын куы батавы, уæддæр афтæ ’нхъæлы, хынджылæг дзы чындæуы». Хъустæй цæуы уасæны къуыззитт. Тъох фæнда- раст зæгъы йæ бызгъуыртæн... ШÆНДАГ ÆМÆ ЗÆРДÆ Фæндаг бæласау дæръгæй-дæргъ- мæ ацыди хъæуы уынгты. Иæ къа- лиутыл æрбынат кодтой хæдзæрт- тæ — ахстæттæ. Æд сабитæ, æд къонайы æртытæ. Сæ сæрмæ — фæздæг. Æнæмæтæй цæуы, йæ кæ- нон кæны. Фæзмы бæлæсты. Фыд- бон æмæ фыдлæг авд дæлдзæхы’ фесты. Уыдон дæр фæндагыл æр- бацыдысты. Бæллицтæ, сагъæстæ, цæссыгтæ. Цы нæ уромы! Фæндаг æмæ зæрдæ... Ныр дæр ма сыл цæуынц сау хабæрттæ. Æрмæст æгæр куы æруæз кæнынц, уæд æхсидавау къæрццытæгæн- гæ базгъæлæн вæййынц. Зарæг æмæ хъарæг фаззæттæ сты. Зæрдæйы сæ дыууæйæн дæр æмхуызон бынат. Сывæллон цин у. 46
Фæлæ дунемæ кæугæйæ фæзыны. Ис цины цæссыг. Ис хъыджы цæссыг дæр. Иу хæдзарæй хъуысы фæн- дырдзагъд, иннæмæй зæрдæхалæн хъарæг. Къуырийы размæ æфсадæй сыздæхти Джино. Сæударæй æмбисæхсæвмæ фæндыр не ’рынцад йæ зарынæй. Уыцы бон фалæсыхы та иу хæдзармæ æр- тахти сау гæххæтт. Кæрты дуармæ къутæртау æнæ- дзургæйæ бадтысты нæлгоймæгтæ. Æгуыппæг маст цæсгæмттыл ныффыста судзаджы ристæ. Цæсгæмт- ты ’нцъылдтæ не ’змæлынц — маст айнæджы скъуыд- тау ныхъхъæбæр. Цæстытæ — уæззау, æнæцæссыг. Цæссыг нæлгоймагæн ныббады йæ хъуыры. Æхсонау дзы ныддури хъæлæс. Уатæй хъуысы сылгоймæгты хъарæг. Къордтæй цæуынц мидæмæ. Цæстыты алы- фæрстæ — хъæдгæмттау сау. Къæвдадæтты уæзæй хатгай йæхи нал бауромы айнæг. Æмæ пиллæттау саутымбыл фæдтæ уадзгæйæ йæ фæрстæй тæдзын байдайы цæссыгтæ. Уæззау сты къæвдадæттæ. Но- джы уæззаудæр та зæрдæйы маст. Джино. Бæрзонд, бæзæрхыг. Цонджы нуæрттæ скъуынынц хæдоны дыстæ. Галтау дзы уæззаугай рахызтысты мадзура къухтæ. Рахиз къухы дыууæ ’нгуылдзы — сæ рæбынтыл хауд, цыма хъуынджын цармы фæныгъуылдысты. Сæ кæрæттыл уæлæмæ чи схæцыд, уыцы æрфгуы- тæ цæсгомæн дæттынц рухс, фæлæ ныфсхаст æнгас. Дыууæ æрфыджы астæу бæзджын æнхъырды иуда- дзыг æмбæхстæй лæу.уы цыдæр хъуыды. Чи зоны, хъуыды нæу, фæлæ сагъæсы уидаг: алы мидбылхуд- тæн дæр æрбайсæфы, амбæхсы райдзаст ныхы. Цæ- стытæ кæддæр, æвæццæгæн, рухс уыдысты. Ныр æгæр сау зынынц, цыма суадоныл бæласы аууон ра- хауди. Роцъо — фидар арæзт, йæ бæрæг астæу — 47
дæргъæлвæст дзыхъхъ. Хъуынджын бæрзæй фидары нысæнттæ дæтты бæласы бындзæфхадау фæтæн уæхсчытæн. Фондз ордены. Майданты бæсты — сæ нысантæ æртæ рæнхъæй. Джинойыл æнцайынц адæ- мы цæстытæ. Уый сæ ’нкъары. Цæмæй сæ схицæн уа, уый тыххæй фылдæр фæрсы йæхæдæг. Куыд сты хъæубæстæ? Колхозы сæрдар чи у? Чи амарди? Æф- садæй чи сыздæхти?.. ТУЛЫ УÆРДОН БОНРУХСМÆ Сагъæс æмæ хуыссæг... Иумæ нæ фидауынц. Рухс æмæ аууон. Уыцы ’хсæв дзы чи кæцы уыди — хуыцау йæ зонæг. Дыууæ дæр мын ахсджи- аг уыдысты. Кæркуасæнтæм хуыс- сæг авдæнгæсау мæ уæлхъус лæу- уыди. Сагъæс дæр йæ кæнон кодта. Фæтæнком хъæддзау фæрæтæй фæсалы онг мын алцыдæр хъуыды- гонд у. Сыстдзынæн æртыккаг кæркуасæнтыл. Æнайы æз куы райхъал кæнон, уæд ын куыд æхсызгон уыдзæни! Нæ, раздæр уал хъуамæ Сауийы сифтындзон. Æфсондзы бынмæ та нæ ком- дзæн. Фæлæ раздæр рæтæнагъдтæ схъен кæндзынæн, саджил лæдзæг сæм ацараздзынæн. Стæй мын ды- гæрдыгимæ æнцондæр архайæн уыдзæни. Фæрæты ком нытътъысдзынæн уæрдоны бын дыууæ фæйнæ- джы ’хсæн зыхъхъыры. Ставд бæндæн гæркъаимæ бабæтдзынæн фæсте дзуарæвæрдæй. Гуыффæ байдзаг кæндзынæн хъæллæгътæй. Сауийæн. Нæхицæн фæн- даггæгтæ — нартхоры кæрдзын æмæ цыхты цыппæ- 48
рæмхай — уæрдоны фарсыл чысыл асыччы. Æз æй «гæдывæрæн» хонын... Мæ хъусджын дзабыртæ цæт- тæ сты. Иуæн дзы йæ хуыдыхæлд дысон Æна бам- пъызта. Æрчъиагæй уафс дæр ма куы уаид. Уидаг- джын хъæбæр резинæ. Машинæйы цалхы бызгъуы- рæй. Цалхæн йæ иннæ ’мбисæй та Дзыцца сарæзта бæлæгъ. Бабызтæн... Мæ зымæгон худ — рагъæныл. Кæддæр нын дружинæ нæ кæркдоны цы рувас амард- той, уый цармы фæлхæрдтæй.^Къахы цæрмттæ — ра- зырдæм. Сау æмæ бур гæрæм. Скъоламæ йыл не ’рвæссыдтæн. Ныр мæ йæ сæр бахъуыди... Цы ма мæ рох кæны?.. Цæстытæ дудынц. Фынимæ хъуырдухæнæй сфæл- мæцыдысты. Уасæг уасы. Фыццаг йæ базыртæ ныц- цæгъды, цыма боны дуæрттæ хойы. Кæркуасæн... Фæлмæст, æнæхуыссæг адæймæгты ныфсы симфони. «Тыхсгæ ма кæнут, фæллойгæнæг дзыллæ, бонмæ би- рæ нал ис»,— дзуры уый. Бонцъæхтæ нæ фидауынц æнæ уасæджы уаст. Нæ уасæг йæхæдæг дæр сырх у. Сæуæхсидау. Фæстаг хъæбысхæсты фын æрбырста хъуыдыйы. Мæ къах дæр нал атылдтон... Райхъал мæ кодта Æна. Æртыккаг кæркуасæнты. Мæ фын тыхæскъуыд фæци. Цыма мыл ихын дон ба- калдæуыди. Мæ хъуыды йæ гаччы куы сбадти, уæд та мын уæлдай зындæр фæци. Дысон-бонмæ цы нæр- тон мæсыг фæцамадтон, уымæй кæлддзаг дæр нал аззади. Сауи — ивтыгъд, хъæллæгътæй гуыффæ — йедзаг. Фæлтау куынæ бафынæй уыдаин... Баззади ма мын мæ дарæс скæнын... Бонцъæх нæма зыны. Уымæл тæнæг мигъ ныд- дæлгом йæхи хуызæн æнтъыснæг быдырыл. Сау уæр- донвæндаг тыхамæлттæй быры йе ’хсæнты. Адгуыты 4 Ныббар мын, Дзерассæ 49
æнæбары згъорыныл афæлвары, фæлæ хæрды зивæг- гæнгæ схилы. Кæд ын мæ бæллиц цыфæнды æххуыс бакæны, уæддæр тæры йæхи фæнд. Дзæгъæлзад къу- тæртæ фæндаггæрæттæй фыдгæнджытау кæсынц. Кæркуасæнтæ кæмдæр фæсвæд аззадысты. Ивгъуыд бонау ма хъуыдыйыл сæ зыланг фæцæуы. Цæуылнæ исты дзуры Æна? Хæст æмæ удхары уæзæй зæрдæ фæтасыди, бакъуырма... Фæндæгтæм кæсынæй цæс- тытæ сафтид сты, ала цырагъавгау æддæмæ рухс нал уадзынц. Фæндаг уæддæр дзуапп нæ дæтты. Иæ фæстæ цы бæлццæттæ акодта, уыдон ын цыма су- дзинтæ сты, уыйау сæ кой, сæ хъæр нал и. Раст уар- тæ Ламаттийау. Уый дæр хæс райсы, стæй йæхи ни- цы зонæг скæны Фæндаг фæбæрæгдæр. Дард быдыргæронæй æх- сырхуыз уылæн æрбацæуы. Мæ сæр куы фæзилын, уæд худы цармæй мæ уа- дулыл цыдæр уазал аныдзæвы. Халас. Цæсты кæро- нæй йæ ацахсын æрфгуытæ æмæ цæстыхаутыл дæр. — Æна, æмæ дард у хъæд? — уисæй Сауийы уæн хъыдзы кæнгæйæ фæрсын æз. — Бæркадджыны хъæуæй ма йæм рæгътыл иу- дзæвгар суайын хъæуы.— Æна йæ хъуыдытæй фес- тъæлфыди.— Цæй тагъд бафæлмæцыдтæ? Уæрдоны куы бадыс? — Нæ, æз æнæуи фæрсын. Сауийæн зын куы уа. Æгæр арæх æй куы ифтындзæм, уæд ма ныззай- дзæни? — Ма тыхс. Хуыцауы фæндæй йын кæд ницы уаид. Хæрз чысылæй хæдзар дарыны уæз æрæнцади Сауийыл. Гал, дам, куынæ вæййы, уæд уæныг дæр 50
баифтындзынц. Махмæ гал дæр нæ уыд аемæ уæныг дæр. Уыдон хæс Сауимæ æрхауди. Тулынц цæлхытæ бонрухсмæ. Уæрдон — тæссар- вæд. Цæлхвæдтæй йæхи ратоныныл фæлвары. Фæлæ ницы уайы æмæ та цæлхытæ æвæндонæй ныххизынц сæ раздæры бынатмæ. Хивæнд та куыннæ сты! Фæн- дагыл бирæ ахæм цæлхытæ фæтылди. Фæлæ сæ тæк- кæ сæрæндæр фыццаг фæдгæнæг уыди. Гуырысхойау дыууæ цæлхвæды бырынц нæ фæ- дыл. Фæндаджы кæрæтты фароны хæтæлтæ ныдж- джих сты. Халасдон тæдзы хæмпæлы бызгъуыр фæдджитæй. Хур нæ тута бæласы бæрзæндæнæй кæ- сы æгъуыз мигъы тыхтæй. Иæ тавс хъæрмуст донау æнахъаз. Иæ рухс дæр афтæ. Адаг. Йæ фæстæ кæ- рæдзи сæрты кæсынц рæгътæ. Гæмæхсæр, асæст. Цыма мах æрбацыдыл дис кæнынц. Иугай гомхих бæлæстæ фаты æфсæн æрттигътау — арвы тæккæ риумæ арæзт. Къуылдымыл уæлмæрдты дурын цыр- тытæ дæлдæр-уæлдæртæй кæсынц урскъул хæдзæрт- тæм. Сæ иутæ фæцудыдтой, цæуыл банцой кæной, уый сын нæй. Ададжы фаллаг фарс фæндаг цæхгæр фæзылди. Хъæу иуварсырдыгæй фæуагъта. Хæрхæмбæлд ыл цы фæтæнуæхск рагъ фæци, уымæ схизыны ныфс æм нæ разынди. Хæрзаг зæгъы: «Дардыл æрзил æмæ дæ хæдзар ссарай». Æмæ цæй хæдзар ис фæндагæн?.. Сауийæн цæуын фæзын. Æна дæр йæ къухтæ йæ фæсонтыл æрæвæрдта. Куийты рæйд мысинагау дардæй æрбатахти. Зæр- дæйыл атыхст æмæ йæ къонайы цурмæ аскъæфта. ^ым артдзæстыл æртыскæны уæлæ хъæбæр кæны нартхорь. -æрдзын. Райс æй æмæ йыл дыууæ сау фæды. Ма.-нæ нæ уæрдоны фæстæ чи аззайы, уыдо- 51
Нау. Æрмæст æртыскæны фæдтæ раст сты. Къулæн- цой йæ æрæвæр ног чындзау. Арты базыртæ йыл аныдзæвой. Йæ уадултæ фæцардхуыз уой. Уый фæс- тæ йын йæ былæй расæтт. Хуры тæф ахъардзæи де ’уæнгты. Сæрдыгон хъарм къæвдатæ æмæ æхсыр- дзаст æвзарты адджын адæй дæ къабæзтæ авд хат- ты фидардæр фæуыдзысты. Уæрдон тулы бонрухсы. Бæлæстæ рæгътæй æр- хызтысты нæ размæ. Сæ цæнгтæ ныхъхъæбыс кæнын- æввонг ныппака сты. Арвæй семæ æрхастой хуры æлгъин салам. Æна хорз зоны, кæрз æмæ фатхъæд арæхдæр кæм сты, уый. Ныр дæр уартæ хъуысы æмыр къупп-къупп. Хъæд скодта калд бæлæсты тæф. Бæлас йæ ахауыны размæ фестъæлфы. Сонт рызт бакæны. Хæкъуырццæй кæуæгау. Халасы æртæхтæ къалиутыл ратулынц. Сæхи нал бауромынц, æргæр- гæр кæнынц дæлæмæдзыд къутæртæм. Йæ ахауыны размæ ма бæлас йæ цæнгтæй ацахсы арвыцъæх. Ныккæны фæстаг зарæг, цыма тæрккъæвда сыф- сыфгæнгæ ратæхы. Банцайы йæ сыхагыл. Фæлæ йæ уромæг уромын нал бафæразы. Райхъуысы æрдæг- лыг зæнджы уæззау хъыррыст. Мæлæты дæндæгты къæс-къæс. Бацу бæласмæ. Йæ къалиуты згъæлæнтæ хуыссынц йæ фарсмæ. Никуал снсдзысты сæ уæлæ ахстæттæ æмæ мæргъты зарджытæ. Никуал стæхдзы- сты сæ базыртæй хуры тынтæй дзаг сыфтæртæ. Ни- куал бадардзысты сыфтæртæ сæ фæлмæн æрмттæ къæвдайы æртæхтæм. Сауи уал зыдæй æууилы нарт- хоры адджын хъæд. Мæ къæхтæ нындзыг сты, бан- дæвтой. Фæлæ Æнамæ фæкæсын хъæуы. Цы суг бах- сæста, уый уал куы ’рбаласин. Цъыф æмæ æмбыд сыфтæртæ мæ дзабыры уæфстæм мæлæты æмхиц сты. Цыма сæ мыдæй байсæрстон... Суджы ставддæр 52
кæрон дыууæ къухæй æрбахъæбыс кодтон. Къæхтæ бырынц. Фæлæ йæ бынатæй дзæвгар фенкъуысти. Къудзитæ мын мæ цæсгом куынæ дзæхст кæниккой, уæд... Дæлдзæх фæу, цы дзыхъхъ дæ! Фæкалдтæн, уый хъуамæ Æна ма базона. Ногæй та суг ис мæ хъæбысы. Ацы хатт æй æнæрлæугæйæ бахæццæ кæ- ион уæрдоны цурмæ. Æна афонмæ дыккаг бæлас акалдта. Дзæбæх уал батæвд дæн иунæг цыдæн. Ху- дыхъустæ сфæлдæхтон. Цымæ ма цал суджы ба- хъæудзæн?.. Уæртæ уагъылыйы къутæртæ. Фæлæ сæ дыргътæ сау цæмæн сты? Æвæццæгæн, басыдысты. Тугæрхæмттау ныддæвдæг сты сæ къалиутыл. Æна- йæн зæгъын хъæуы. Уыргтæн, дам, хорз у уагъы- лыйы цай. Хъуамæ йын сбæззой. Сырхытæ дæр дзы уыдзæн. Мæ ныццыдмæ Æна дыууæ суджы арæвдз кодта. Раздæрæй къаддæртæ. Фæлæ сæ уый хыгъд дардæй ласын хъæуы. Æмраст бацæугæйæ хæстæг уаид, фæ- лæ ацы æнæхайыры æрх... Ласын уал стырдæр суг. Уæззæуттæ мын раздæр ахицæн уой. Цæуын æрхы тæккæ былгæрæтты. Цыдæр дæрзæг дзедырæг мын мæ фадыг хæрдмæ сласта. Дыууæйæ мыл æмвос фе- сты. Суг дæлæмæ хæцы, дзедыры уидаг — къахыл фæстæмæ. Æллах, æнхъæлдæн зæнджы царм астыгъ- та. Тыхтæ амæлттæй йæ рарæдывтон. Бирæ мæ нал хъæуы уæрдонмæ. Фæлæ та уый циу? Суджы кæрон æнцайы, æрхы сæрмæ цы тала æркъул, уый зæнгыл. Фæбыры дæлæмæ. Нæй йын суадзæн. Ныронг æй æз ластон, ныр та мæ уый ласы йæ фæдыл. Мæ къæхтæ ныббыцæу кодтон, хъæлæкк. Рахиз къухæй фæхæст дæн бæласы къалиуыл, фæлæ галиу суг куыд ба- уромдзæн? Судзын. Хидæй тыхсын. Худы мидæггаг ныуумæли. Фадгуытæ та халасдоны. Нæй, нæ йæ 53
суадздзынæн. Хъуамæ мын мæхи дæр йæ фæдыл аласа. Фæлæ суг мæнмæ хъусы? Талайы лæгъз зæн- гыл дæлæмæ быры. Мæ галиу цонг фырфæлладæй бахуыскъ, мæ дарæс уæрдæхау сыздыхтытæ. Фæлæ цæмæн æрлæууыди суг? Дæлæ мæ амондæн йæ са- джил кæрон æндæр бæласыл банцад. Ардыгæй та йæ цæмæй сласдзынæн? Хилын былгæронмæ. Цы ’рцыди, уый Æнайæн хъæргæнгæ нæу. Хæрзаг ма зæгъа, æз сыл фыдæбон кæнын, уый сæ былæй дæлæмæ калы. Рахастон бæн- дæн. Æртыхтон æй суджы кæроныл. Айстон æй стыр бæласы æддеты æмæ йæ мæ тых, мæ бонæй алвæс- тон. Суг йæ бынатæй фенкъуысти, фæуæле. Худ сис- тон. Сæры фæздæг къуыбылæйттæй цæуы. Æна мæ афтæмæй куы фенид! Цыфæнды рынчын куы кæнон, уæддæр хъуамæ фæллад дæн, ма зæгъон. Мæ къахы цъæррæмыхст дуды. Æнкъарын, туг ыл куыд ахъæ- бæр, уый. Æнайы фæрæты къуппæн дзуапп дæттынц хъæд- æхгæд рæгътæ. Чи зоны, уый азæлд нæу. Хъæды ма махæй уæлдай исчи уыдзæни. Кæмдæр зары цавæр- дæр маргъ. Æвæццæгæн, сиды йе ’мбалмæ. Рæгъ- тыл бæлæсты ’хсæнæй зыны урс фæлм. Салф нæма ’ртади. Кæнæ та мит у. Чи зоны, æппындæр не ’ртай- дзæни. Ноджы цыдæр уазал ирдгæ рацыди. Буарæн мæлæты æхсызгон у. Боныхъæд ивы? Уæвгæ нæ бирæ нал хъæуы. Иу фынддæс суджы ма. Цымæ цал са- хаты у? Сихор куы бахордтам, уæдæй нырмæ дзæв- гар рацыди. Сауи йæ сихор раджы ахицæн кодта. Æнæмæтæй сынæр цæгъды. Цæмæй зоны, мæгуырæг, нырма йæ зынтæ разæй кæй сты... Хур аныгъуылди мигъы æртхутæджы. Чи зоны, рæгъты фæстæмæ дæр ныххызти. Ирдгæ зыланг кæ- 54
ны бæлæсты гом хихтыл. Кæрæдзиуыл сæ дзæхст фæцæуы хъаматау. Æна, йæ астæуыл цы къуымбил кæлмæрзæн баст ис, уым фæрæт нытътъыста æмæ сугтæ дыгæйттæй иумæ хæссы. Æккойæ. Мæ хуызæн сæ зæххыл нæ хæр-хæр кæны. — Цырд фæлæуу, мæ къона. Иугæр Бæркадджы- нæй куы фæфале уæм, уæд нын ницыуал у. Суг суджы уæлæ æнцайы. Цæстытæ — цæстытыл. Куыд тæригъæд у Æна. Куыд бафæллад. Уæддæр дзы сыбыртт нæ хъуысы, уæддæр ма мæнæн æвæры зæрдæтæ. Цæстытæ сагъæсы сау арты басыгъдысты. Се ’ртхутæг аххæссыди сæрыхъуынтæм дæр. Кæсыс, зæронд чырынтæ кæлмæрзæны бынæй цы бындзыг разынд, уымæ? Æрфгуытæ—сæ тæккæ астæутыл цæхгæрсаст, былæй ахауæг фæндæгтау. Чи зоны, уы- дон дæр хъизæмары азар басыгъта. Кæддæр, дам, тынг рæсугъд фидыдтой Æнайыл. Дзыцца мын дзырдта. Цыма ныр нæ фидауынц! Уæлдæфы фæзынди лыстæг ссады муртæ. Нæмыг- мит... Къухтæ æмæ уадултæ рæхойы. Сугтæ амад фе- стæм. Æна хæцы Сауийы сæрбосыл. Цæуæм нæ раз- дæры фæдыл. Дзæбæх нал зыны. Миты тæнæг хæрв ыл æрбадти. Мит æмæ талынг æнцадгай æнцайынц хъæдыл, рæгътыл. — Дæ къæхтæ нæ сийынц, Дзег? Тæрсгæ ма кæн, афонмæ нын Дзыцца хъæдур сфыхта... Дæ ху- ды хъустæ æрфæлдах, ирдгæ дын сæ халоны базыр- тау раппар-баппар куы кæны. Æнайы алы ныхас дæр мын мæ зæрдæйы ныфсы гага ныппары. Бон куыд тардæр кæны, афтæ зæхх та — урсдæр. Фæндагыл ма ранæй-рæтты мигъы скъуыдтау сау гæппæлтæ аззади. Фæстагмæ уыдон дæр сæфын байдыдтой. Ныр тæссаг у иуварс арæ- 55
дийынæй. Уæвгæ Æна иу æмæ дыууæ хатты цыди ауылты? Нæхимæ-иу изæррухсæй æрхæццæ, фæлæ... Цæмæн æрурæдта Æна? Æвæццæгæн, бафæлла- ди. Дыууæрдæм дæр фистæгæй... Ноджы ацы рæгъ- тыл... Кæд фæндаг нал ары? Цæмæн кæсы фæйнæ- рдæм? Цыдæр уазал аууæттæ мæ зæрдæйыл фыдгæн- джытау æрæмбырд сты. Ам дзæгъæл рæгъты астæу куы баззайæм. Ирдгæйы æвджид... — Дзег, мæнæ уый дæ хъустыл æртух.— Æна йæ астæуæй райхæлдта къуымбил кæлмæрзæн. Мæ- лæты хъарм у. Æнайæн йæхи къухтау. Æниу куыд хорз тæф кæны! Уый мады ад у. — Æз фæндаг рацагурон. Макуыдæм ацу. Фæндаг... Иунæг уый ма уыди нæ ныфс. Æмæ йыл цыдыстæм. Ныр уый дæр агуринаг фæци. Цымæ цы фесты нæ абоны зылын-мылын цæлхвæдтæ? Ныр уыдон цæхæрæй пырхгонд куы уыдаиккой. Мит сыл нæ хæцыдаид. Æна æрбаздæхти. Къухтæ æнæбон хауд акодтой фæйнæрдæм. — Хæйрæг æй йæхимæ фæхаста... Цæуæм. Кæдæм? Сауийы фæдыл. Ныронг уыр- дыджы. Ныр Сауи цавæрдæр рагъыл уæлæмæ быры. Ирдгæ зилы буары къуымты. Нæмыгмит судзины фындзæй къахы салд уадултæ, уæраджысæртæ. Сауи æрлæууыди. Бафæллади, мæгуырæг. Иæ ко- мытæф къуыбылæйттæй цæуы. Æна банцой кодта сугтыл. Йæ къух — йæ сæрмæ быцæу. Чи дын бам- бардзæни дæ судзгæ удхар? Чи зоны, ныртæккæ ныддæлгом уаис салд быдырыл ингæны дурау. Æнус- тæм бафынæй уаис æхсæвы æгуыппæгдзинадимæ. Ды та лæууыс. Цæстытæй... Нæ, зæрдæйæ бырсынц дудгæ цæссыгтæ. Хъуырмæ схæццæ вæййынц, стæп 56
фæкæлынц. Цæстытæн хъарм агъуд акæнынц, фæлæ сæ цыдæр тых, цыдæр ауæзт бауромы. Фæлдыст фæу, фыццаг хатт сылгоймагæн йæ къухмæ уæззау ку- сæнгарз чи радта! Сылгоймаджы къухыл хъуамæ хуры тынтау згъорой ноггуырды къæхтæ. Сылгойма- джы къухты хъарм — сабийы зæрдæ тавынæн, зæх- хы сойау сау ирон бæгæны фыцынæн. Сылгоймаджы фидауц—нæлгоймаджы цæстытæн, зæрдæйæн. Йæ урстымбыл уæхсчытæ хъуамæ ма уромиккой маст æмæ куысты тызмæг уаргъ. Сылгоймаджы æмбисон- ды аив гуыр гуыбырæй ма лæзæрид гутоны цæнкуыл къухтыл. Æз хъусын сылгоймаджы риуты рог улæфт. Хуры тынтæй дзаг сырхуадул фæткъуытау фестъæл- фынц уддзæфмæ къалиуты базмæлдæй. Царды æну- сон фæйлаугæ тырысатæ. Царды симфонийы гуы- рæнтæ... Тулы уæрдон æхсæвмæ. Иæ къæс-къæс зæрдæйыл æппары сагъæсы сæстæгтæ. Цæлхыты сау фæдтæ — митвæндагыл. Сагъæсы сау тæлытæ — зæрдæйыл. Сауи — разæй, Æна æмæ æз — фæйнæфæрсты. Ту- лæм сагъæс рагъмæ. Фæлæ цы уыдзæн уый фæстæ? Цы ис рагъы æдде? Уый нæ иу дæр нæ зоны. Цымæ Сауи цæмæн æрлæууы? Фæллад... Æмæ мах къад- дæр бафæлладыстæм? Уый стур у. О, фæлæ-иу æй Æна зондджын куы хуыдта. Мæнæ уый рагъ у, æнхъæлдæн. — Цы фæдæ, Дзег? Цырд лæуу, ныр хъуамæ уырдыджы фенцондæр уа. Хуыцауы фæндæй нæ фæ- дзæгъæл уыдзыстæм.— Æнайы хъæлæс мæм хъуы- сы дардæй. Цыма, мæнæ цы рагъыл лæууæм, уымæн йæ астæу фегом æмæ уырдыгæй цæуы. Кæсын нæ уæрдоны фæдтæм. Сæ дард кæрæттæ мит æмæ та- дынджы айсæфтысты. Фæлæ уый циу? Тамакойы 57
зынг? Æмæ дыууæ цæмæн сты? Æрыхъуыстон, би- рæгъы цæстытæ талынджы æрттивгæ фæкæнынц. Фæлæ тамакойы зынгты ’нгæс уой? Тас мын мæ зæр- дæйы къултæ сау хъамайæ ныцъцъыкк кодта. Зы- ланггæнгæ атахти буарыл. ДзурынÆнамæ. Мæхимæ дæр тыхамæлттæй хъуысы мæ ныхас. Æгуыппæг- дзинад зилдух кæны нæ алыварс. Цæстытыл æртыхсты- сты æнахуыр аууæттæ. Æвирхъау сырды æндæргтæ. Æнайы раздарæны дзыппæй хъуысы дзæгъ- дзæгъ. Цыдæр æмбæхст ныфс цæхæрау мæнг æрт- тывд фæкодта сæры. Бирæгъ, дам, рухсæй тæрсы. Æз табу кæнын Æнайæн. Уыйбæрц æрхъуыдыдзи- над кæмæ разынди, зынг рахæссын кæмæй нæ фе- рохи. Цымæ Сауи дæр исты бамбæрста? Æвæццæ.- гæн. Уæдæ цæмæн арасти? Ноджы йæ цыд фæтагъд- дæр. Æви уый уырдыджы тыххæй у. Мæ цæст нæ исын дыууæ зынгæй. Змæлынц, катай кæнынц. Нæ уæрдоны цæлхытау. Мæ зæрдæ мын судзынц уæхсты бырынкъæй. Уæртæ иуварс айстой сæхи. Нæ размæ фæуынмæ хъавынц. Хæстæгæй-хæстæгдæр. Æна, цы фæдæ? Æвæццæгæн, дæ цæстытæ дæр иу уысм нæ- ма сцух сты дыууæ зынгæй. Сонт рухсмæ хъуыдытæ ныппæррæст кодтой. Зынджытæ айсæфтысты. Чи зоны, ададжы. Æна судзы спичкæ спичкæйы фæдьтл, хъавы тасы аууæттæ асурынмæ. Фæлæ уыцы мæнг- æфсон рухсæн цы йæ бон у фыдгæнæджы цур. Но- гæй та ферттывтой. Сырх дарынц, цыма туджы æв- дылд сты. Фæллад, уазал æмæ сагъæс авддæлдзæх фесты. Сæ бæсты буары ахъардта тас. Уый размæ схойы къæхты, цыдæр æрвон тых сæ бауагъта. Кæ- дæм цæуынц? Уæлдай нæу... Уый циу? Æви мыл мæ хъустæ гадзрахатæй цæ- уынц? 58
— Хъусыс, Дзег, куийты рæйын? Бæркадджынæй хъуысы.— Æнайы хъæлæс фæрогдæр. Дыууæ зын- джы фæзынынц æмæ айсæфынц. Мæ тас нæма фæ- къаддæри. Цыма раст мæ тæккæ цур зæххæй ферт- тивдзысты. Разæй æрбазынди мынæг рухс. Мæ бæллиц ныхъ- хъæр кæнынæввонг йæ базыртæ систа. Чи зоны, ды æцæг нæ дæ, æнафоны рухс? Кæд мæ бæллиццы фæл- мæн тынтæй нывæзт дæ? Уæрдон тулы талынгæй рухсы цæстмæ. Дыууæ зынджы æрбадæлдзæх сты. Æрмæст ма уæнгты ин- нæрдæм чи хизы, ахæм æрдиаг ахсы хъус. Атагъа кæ- уы йæ амæттæгты сæфтыл. Рухс æмæ куийты рæйын кæнынц хæстæгдæр. Кæмæн чындæуа табу? Чи у нæ ирвæзынгæнæг? Куыд рауад уыцы диссаг? Цы уы- дзæни дарддæр? Бæркадджынæй куы ахизæм, æмæ та уым дæр ахæм хъизæмæрттæ куы кæнæм. Иу хъуыды нысаныл нæма сæмбæлы, афтæ йæ йæ быны æрнорды иннæ. Фыццаг хæдзар. Фæд-фæдыл разын- ди цалдæр рухсы. Цымыдисæй фæрсынц кæрæдзи: чи сты æнафонæй æрбацæуджытæ? Мæнæ бæрæг бæрджытæй разынд уынг. Рухсытæ астæуфæндагмæ рацыдысты, салам дæтгæ нæ разы æркъул кодтой сæхи. Куийтæ ныл сагъуыдысты. Мæ мид-зæрдæйы мын сты арфæйаг. Сауи цæхгæрмæ уынгыл фæзыл- ди. Мах дæр аууæттау — йæ фæстæ. Фæндагæй иу- варс баздæхти. Дыууæ пæлæхсар бæласы астæу — стыр кулдуар. СЗуи раст йæ тæккæ цур æрлæууыд. — Адон мæ мадырвадæлтæ сты,— зæгъы Æна.— Сауиимæ ма сæм айразмæ уыдыстæм. Холлагæй йæм хорз фæкастысты. Кæсыс, фæзынди та сæм. — Уазджытæ—хуыцауы уазджытæ! Мæ кука æнгуылдзтæ кæйдæр къухы аныгъуыл- 59
дысты. Цы хъарм у! Цыма йæ цæхæрæй райста. Къа- хы фесхуыстæй кулдуар йæ дыууæ базыры байтыгъ- та. Сауи хионау уыциу растæй кæрты смидæг. Мæ- хинымæр хъæбыстæ кæныи дыгæрдыгæн. — Мидæмæ ахизут, стуры мæ бар уадзут. Уаз- джытæ, уазджытæ, не ’фсин! Цырагърухс — парахат. Нæ цæстытыл æрбан- хъæвзта. Нæ фысымты усы цæстытæ дæр—ахæм парахат æмæ рæдау. Хæдзар кæны ногфых кæрдзын æмæ арты тæф. Арт æмæ хуры тын æнахъом сабитæй уæлдай не ’сты ряевдауынмæ. ЦЫХТЫ АД Дзæгъæлы тарстыстæм. Сауи фæз- зæджы ныззади. Хъом уынджы кæ- ронæй нæма æрзынынц, афтæ йæ дæргъвæтин «му» йæ разæй фæвæй- йы. Кулдуар йæ сыкъайæ фесхойы æмæ хæдзары тæккæ æрбахизæны æрлæууы. Иæ род скъæты кæй ис, уый зоны. Ноджы хуыздæр та зо- ны, хъуыддаг Дзыццайæ аразгæ кæй у, уый. «Æм-му-у». Р1æ роды хоны афтæ. «Æм-ме-е»,— дзуапп ратты Гобæ. Уæдмæ Дзыццайы къæртайы зыланг райхъуысы. Уыцы музыкæйæ фылдæр ницы уарзæм æз æмæ Са- уи. Уымæн йæ хъæбул æмæ холладжы ад кæны, мæ- нæн та ногдыгъд æхсыры ад. Дыууæ цыхцырæджы радыгай ныззæланг кæнынц къæртайы быныл. Кæрæдзнйæн бар нæ дæттынц, 60
Зын рахатæн у, æхсыр хъуджы фæдджытæй згъо- ры æви Дзыццайы къухтæй. Лæууын сæ уæлхъус æд къус. Æхсыр абузы, бæлонау хъуыр-хъуыр кæны. Дзыцца мын хъæзын къус байдзаг кодта. Уыгæрдæн æмæ сæрды хъарм тæф уæнгты ахъардта. — Цу, рауадз æм йæ Гобæйы. Æз Гобæмæ хæрзæггурæггаг фæвæййын: «Дæ фаг дæр ма дзы ис». Иæ мадыл цин дæр нæ бакæны. Уы- цыиу растæй фæдджытыл йæхи ныццæвы. Иæ сæ- рæй сæ срæхуыстытæ кæны. Æрмæст уыдоныл цæуы йæ бон. Дзыцца æхсыр сæвæры пецы сæр. Хъуамæ схъарм уа. Ныккæны йыл ахсæн. Æхсыры кæрæттæ æрбарухс вæййынц боныцъæхау. Къæртайы змæлыиц стъалы- тæ. Урс-урсид. Дзыццайы къухтæ зилынц кæсагах- сæгау хъавгæ. Стъалытæ алидзынц æнгуылдзты ’хсæнты. Къухтæ ног раздæхынц кæрæттæм. Хъуамæ дзы иу дæр ма аирвæза. Цыхт рæзы. Стъалыты сæс- тæгтæ кæрæдзиуыл æндæдзынц. Къухтæ ленк кæ- нынц арвгæрæтты. Чи бафæсфæд кодта йæхи? Арв къæртайы цъæх адардта. Стъалыдзау æнгуылдзтæ фæстаг фæлтæр скодтой. Мæнæ арвæй фæхицæн хуры йас уæззау гуымбыл. Фæцуды. Дзыццайы æн- гуылдзтæ йæ быны лыстæг къалиутау æртасы- дысты. Цалдæр боны фæстæ ма йæм æрбацæут фенынмæ. Хæндыджы куы бахсида, суары хуызæн карз дон дзы куы ахъара, уæд стъалытæ кæрæдзийæ атонын нал комдзысты. Фенут æй хъарм нартхоры кæрдзынимæ. Цы ад кæны? Хур, уыгæрдæн æмæ Сауийы... Стæй Дзыццайы къухты ад. 61
НÆ УАРЗЫН СЫВÆРДЖЫН СЫЛГОЙМÆГТЫ Рады лæууынæй ме ’сæфт уынын. Уый тыххæй мæм мæ сабибонтæй фæстæмæ уайдзæфтæ хауди: «Уы- цы хуызæнæй дæ мады гуыбыны куыд æнхъæлмæ кастæ радмæ?» Цыфæнды дзурæит. Æндæр зонд мæм не ’рцæудзæн. Дуканимæ, дам, хъуымæцтæ æр- ластой. Дугъ кæнæм Æнаимæ. Фæндаджы рыг мæлæты æхсызгон у къахы æнгуылдзтæн. Цыма мын бумбули агъуды аныгъуылынц. Хæлафы фадыгæй хурытынтæмидæмæ кæсынц цымыдисæй. Айфыццаг æй ногæхсадæй Гобæ баууылдта. Аныхъуырын ын нæ бакуымдта — æгæр хъæбæр уыди. Дзыцца йын æй йе ’ссыртæй скъахта. Гобæ гъæйтт-мардзæ уæныг сси. Æз та уыцы сыхыр- на хæлафæй нæма сцух дæн. Хорз у, æмæ каникул- ты стæм. Скъолайы та мын фидис кæниккой. Æнайы аххос ницы у. Хæлафы æхца рагæй æвæрд у. Ду- канийы цыфæнды хъуымац фæзынæд — уайсахат.æй æвæгæс хуртуанау аскъæфынц. Цалæм хатт лæууæм Æнаимæ! Мыдыбындз циу? Куийтæ сæ рæйынæй нал æн- цайынц адæмы хъæлæбамæ. Кæрæдзи уæхсчытыл бадынц. Уæртæ та дзы иуы рахæссынц. Иæ цæнгтæ базыртау байтыгъта. Цæуылнæ худа! Хъуымацæй йын — хай, ноджы йæ адæм сæ уæлныхты систой. Донласт дæргъæй-дæргъмæ хæдон хæлафы æдде фæци. Буарыл баныхæст. Хид лæдæрсы чъиллон цæс- 62
гомыл. Чиныджы ма федтон уыйбæрц адæм. Мавзо- леймæ лæууыдысты. Æрмæст уым хъæлæба нæ код- той. Æрлæууыдыстæм кæронæй. Рыг æмæ æнтæф хъуыртæ æхгæнынц. Зæхх су- дзы къæхтæ. Адæмы цъах-цъахæй хъустæ дзæнгæр- джытæ фестадысты. Уæгъд нæ уадзын Æнайы фæд- джи. Сæры магъзыл къæмдзыгау ныддæвдæг иу хъуыды. Цыдæр рæсугъд нывтæ ракал-бакал кæны. Кæцы дзы равзара. Сæ иуæй се ’ннæ аивдæр. Фæстаг- мæ сау хъуымацыл æрæнцад. Уый у. Æна дæр уымæ амоны. Дуканигæс тæрхæгыл рог æрæппæрста стыр тыхтон. Æртæ метры? Йæ кæрæттæ фаты бырынкъау цыргъ кæмæн сты, уыцы фæйнæг метр хъуымацимæ фæиу. Тыхтон йæ мидбынаты цалдæр зылды æркод- та. Иу дыдагъ. Дыууæ дыдагъы. Æртæ метры. Æх- ца — цæттæ капеччы онг. «Фæрнæй йæ фæдар»,— дзурынц мын уæйгæнæджы рæдау цæстытæ. Чидæр мын мæ къахыл ныллæууыди. Хъуыды фæ- цудыдта. Хъуымац гæппæлгай фæйнæрдæм фæтахти. Къахы уæлфад дудгæ рыст скодта. Хидæйдзаг цæс- сыгтæ мæ хъуыры фæбадтысты. Нæлгоймаджы гуы- миры сæрыстырдзинад мын хъæр кæныны бар нæ дæтты. Æниу ацы цъистæй мæ хъæр кæмæ фехъуыс- дзæни? Рабырыныл фæлварын, фæлæ мын не ’нты- сы. Зыны мæм æрмæст Æнайы фæсонтыл хъæбæрбыд дзыккуйы кæрон. Къахы уæлфад цъæхснаг рыст кæ- ны. Улæфт мæм нал и. Тугдадзинтæ мастæй ныд- дымстысты. Мæ къух феуæгъд. Адæмы ’хсæнты йæ иуварс ауагътон. Кæйдæр нард агъдыл фæхæст сты æнгуылдзтæ. Ныхтæ та мын æвзæр нæй — каникул- ты рæстæг у. Мæ тых, мæ бонæй æлхъивын зæу-зæу- гæнаг агъд. Хъуамæ дзы мæ маст иууылдæр рацъи- 63
рон. Уый дын мæ къахы хъизæмæртты тыххæй! Уый дын мæ хъуыдыты сæфты тыххæй!.. Агъд базмæлы- ди. Уидæгтау хъæбæр анхъырдтæ аци. Иæхимидæг бахъуырдухæн кодта. Мæ къах феуæгъди. Кæцæй- дæр мæм хъуысы сылгоймаджы цъæхахст. Цыма агъд йæхæдæг хъæр кæны: «Судзгæ рын уын сæ фæ- хæсса, уæ сывæллæтты та уемæ цы ’рбакæнут? Мæ сы... фæрстæ мын сцъæхтæ кодтой!» Агъд мæнырдæм разилыныл фæлвары, фæлæ йын не ’нтысы. Сæ цæ- рæнбон бирæ адæмæн... Æниу кæд æз нæ уыдтæн, уæд та? Æвæццæгæн, ма йæм дзы мæ размæ исчи фæкасти. Дуканийы дуар — мæ цардбæллиц. Уырдæм куы баирвæзæм, уæд хæлайфаг нæ къухы ис. Бирæ нæ бæргæ нал хъæуы. Тыхæй куынæ бырсиккой, уæд афонмæ дæр бахæццæ уыдаиккам. Судзын. Хид æмæ рыджы мæцын. Хъусты зыланг кæны æмтъеры хъæ- лæба. Дуар байгом. Иукъорд адæймаджы кæрæдзи фæ- дыл ракалдысты. Аивгъуыдта æнус. Ме уæхсчытæй зæххы æмуæз уаргъ æрхауди. Уæртæ разынди æцæг уæйгæнæг. Æна у æхсæзæм. Хъуымацы тыхтон дæр егъæуттæй нал у. Иугæр ми- дæмæ æрбахаудыстæм, уæд афтид армæй нал ацæу- дзыстæм. Дзæгъæлы нæ æрбауагътой? Мæ хъуыды фестади хæсгард. Æнайы къухы. Хъуымац мыл абарста. Акæрстытæ йæ кодта. Мæнæ йыл машинæ ауагъта. Адæмы хъæлæба нæ хъуысы. Уый машинæ- йы дзæк-дзæк у. Хуыд фæци. Цæппузыртæ ма йын хъæуы. Цæй, афтæмæй уал æй фенон. Кæд мын æгæр гыццыл у? Фæлæуу, иу минут ма... Цæппузыр цас ахуыинаг у? Гъе, ныр срæвдз. Фен æй... Диссаджы хорз фидауы. Дыууæ дзыппы йын. Уæдæ лæгæн цал 64
дзыппы вæййы! Иту? Æдылы къоппа, хом хъуыма- цыл кæд æвæрдтой иту? Стæй уый горæтæгтæ фæда- рынц итувæрд хæлаф... — Мæнæ ма сывæрджын сылгоймаджы бауа- дзут.— Уый æдде чидæр хъæр кæны. Æна æртыккаг у. Тыхтон смæллæг. Дуар байгомчынди. Æрбахызт æрыгон сылгой- маг. Цæсгомы дзыгъуыртæ — сæрыхъуынты хуызæн сырхытæ. Æви мæ цæстытæ тартæ кæнынц? Сау тыхтон рогдæр зилы. Ныттæбæкк. Мæ цæстытыл цыдæр сау базыртæ сагъуыдысты. Цыма былæй хауын. Буары нуæрттæ тымбыл къух- ты æрæмбырд сты. Ныр Æнайы рад у. Дзыгъуыры гуыбын æрхуыссыди тæрхæгыл. Æна æхца йæ къухы дары. — Цас дæ хъæуы? — Æртæ метры. Хъуымацы кæрон фæиу æфсæнбырынкъ фæйнæ- гимæ. Иу дыдагъ. Дыууæ дыдагъы. Хъуымяцы къæ- дзилæй атахти фанеры гæбаз æмæ йæ хус къæрцц фæцыди тæрхæгыл. — Дыууæ метры æмæ æрдæг. Фаг дыи у? Дзыгъуыры дзуаппæи фæраздæр Æнаны фарст: — Нал дзы ис? # — Дзæгъæлы мауал лæуут. Мæ фæстæ фæд-фæдыл райхъуысти цллдæр хъæ- лæсы: Фыццаг: — Уыцы дзыгъуыр гогызы ма лзы кæм фæцп... Дыккаг: 5 Ныббар мын, Дзерассæ 65
— Сæ гуыбынтæ цæмæй ракъуыпп вæййынц? Уæ- дæ нæлгоймæгтæ дæр хæсты куы сты? Æртыккаг: — Дзæгъæлхæтæг адæм гыццыл и? Чи зоны, уыцы ныхæстæ Æнайы дзыхы хуыздæр сфидыдтаиккой. Ныббарæнт мын сывæрджын сылгоймæгтæ. Пæ сæ уарзын. „АИВАД ХЪУАГ МА СТЫ"... Ехх, Сæрæгас, кæддæр цы поэттæ уыдыстæм. Амидингæнæг ды уыдтæ. Хъуыды ма кæныс дæ фыццаг æм- дзæвгæ? Уый фæстæ мæн дæр фæ- цалх кодтай. Алчидæр нæ-иу дык- каг бонмæ ацъапп ласта æмдзæв- гæ. Тетрад цас байдзаггæнинаг уыди’ Фыссинæгтæ — хæрх. Уал- дзæг. Сæрд. Фæззæг. Зымæг. Ста- лин. Быдыр. Парти. Амондджын бæстæ. Фæстагмæ цæуыл ныффыстаиккам, уый нал уыд. Æз бавдæлдтæн æмæ Багаты Никъалайы грам- матикæйы иу фæлварæн рифмæбыд скодтон. Мæлæ- ты æнцон аразæн уыди. Рæнхъ рæнхъы фæдыл. згъордта. Кау бийæгау. Уис уисыл æвæрдтон. Æр- мæст сæ къæдзилтæ дзæгъæл змæлд кодтой. Михтæ дæр зылынтæ. Уис-иу хатгай фæсасти. Уый ницы хъыгдары. Маяковский йæ рæнхъытæ барæй куы сас- та. Æниу зылын каумæ быцæутæ скæн, уæд... Газеты кусджытæ ма хуыздæр цы кусынц? Нæ уацмысты æмбырдгондæн нывгæнæг мæхæдæг уыдтæн. Фыцца- джыдæр бавнæлдтон тетрады цъар фæлгонц кæнын- мæ. Джиппæйфыстау мæ пъеро цалдæр фæлтæрæй 66
бахуым кодта: «Зараты Сæрæгас, Цæройты Дзег». «Тетрад» фыст кæм уыд, уый ахорæнæй бамбæрз- тон. Тетрад нал ис. Амарди. Амæй фæстæмæ уыдзынæ чиныг. Фæзындис ыл ставд дамгъæтæ: «Æмдзæвгæ- тæ». Æппæты бынæй: «1948 аз». Æмдзæвгæты кæрæтты сарæзтон кæм фондзти- гъон стъалы, кæм æхсырф æмæ дзæбуг, кæм та дже- богъы фындзыл тырыса. Чиныг срæвдз. Редакторы къухæвæрд ма дзы хъæуы. Ныр та уал æй рецензи- мæ саккаг кодтам Дзерассæмæ. — Хорз у, ахæм хъуыддагыл кæй фæцалх стут, уый. Уе ’мдзæвгæты ис ритм, рифмæтæ. Æрмæст ма аивад хъуаг сты... Уый дын диссаг. Ау, кæд ритмæлхынцъ, рифмæ- быд сты, уæд ма аивад цы хоны Дзерассæ? Кæддæр нæ абеты чиныджы цы æмдзæвгæ уыд, уый махои- тæй кæм саивдæр? Мах, нанайы хуртæн, Сталин у нæ фыд. Сау сæртæ ’мæ буртæн Уый радта рæвдыд. Æвæдза, Дзерассæ йæ удæй арт бæргæ цагъта, аивад цы у, уый бамбарын кæныныл. Фæлæ йын ни- цы бантысти. Куыд ыл хъуамæ баууæндыдаиккам? Зæгъæм, мæнæ ацы куплет цæмæй æнаивдæр у? Ленины хъуыдытæ Цардæн сты быидур, Дунейы мæгуырты Батавта йæ хур. Æмæ нæ фæрæдыдыстæм. Фæсивæды газеты уал сæ иу фæзынди, Иннæтæн дæр исты амал уыдзæни. 07
Нæ курдиат нын Дзерассæ куыннæ бафиппайдта? Дзерассæмæ та, мæгуыр, кæцæй хауди уайдзæф?.. — Поэттæ!.. Уæ фыстытыл ма фæми... Чи уын сæ кæсы? Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр Дзæуджыхъæуæй Елхотмæ...— йæ был фысы мукъуйау сысчъил кодта Тъох. Алы дзырды фæстæ дæр фындз сфутт кæны. Мæ дæндæгты къæс-къæс æм цæуы. Мæ туджы рох- тыл ныххæцыдтæн. — Уидыг дæ нæ хъæуы сыллыпп кæнынмæ, зæ- булхъус? Дæ тутт къуылдых Елхотæй дæлдæр кæм хъæуы? Тъох рагæй былысчъил кæны ирон æвзагыл. Уроктæй дæр алидзы. Иу афæдз горæты фæци. Уæ- дæй нырмæ йæ кæнон нæ уадзы. Ноджы дзы уырыс- саг æвзаджы ахуыргæнæг раппæлы. Мах дæр æй стауын байдыдтам. Уадз æмæ йæ сæр бынтондæр разила! ШЫДÆЛТЫ ШАРН МÆРДТÆМ НÆ ЦÆУЫ (Дзерассæйы фыстытæй) Чи ныттагъта уыцы хъылмайы æр- тæхтæ Тъохы сæрымагъзы? Цæмæн ныллæсти зулкъ цъæх фæткъуы- йы?.. «Ирон æвзаг Елхотæй дæлдæр нæ хъæуы». Раджы йæ фехъуыс- тон. Зæронд хуырхæй туагдæр у. Зæрдæ дзы фæцъæхи. Цæстытæ къахы. Фыццаг кæй дзыхæй сир- вæзти, уымæн та йæ зонд йæ хы- тъыны уыди. Зæгъæд ма, ахæм къæсхуыр сæрымагъ- зимæ Елхотæй дæлдæр чи ацыди? Кæд ацыди, уæд- 68
д&р лæджыхъæд яемæ памысы фæдыл нæ! Гуыбыны фæдыл...„ О, чи цал æвзаджы зоны^ уал лæджы у. Фæлæ йæ фыццаджы-фыццаг ныййарæджы æвзаг слæг код- та. Дзырды хъомыс ын радта. Зонды фæндагыл æй сарæзта. Иннæ ’взæгтæ йын бацамыдта. Ныр цалдЗер лæджы у. Йæ ныййарæджьг æвзаг уæййаг кæмæн у, уый та? Иунæг лæг дæр\нæу[ Йæхи чи нæ уарзы, уый искæйы куыд бауарздзæни? Уарзт фæндаггаг нæу. Дихтæ йæ нæ чындæуы. Йе *цæг ад ын никуы бам- бардзынæ. Иунæг уарзты цаерайæ чи цæры, уымæн та йе *нкъарæн у æнусваг. Алчи дзы у хайджын, ах- хæссы фæлтæртыл. Къостайы тохы хъæр нæрыди уырыссагау дæр. Фæлæ йын йæ «Ирон фæндыры» цагъдмæ æрыхъуыстой дзыллæтæ. Кæйдæр æвзагыл ныхъхъæр кодтаид: «Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ, сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!» Фæлæ йæ Иры хæхтæ нæ бамбæрстаиккой. Æцæгæлæтты та хъæугæ нæ кодта. Фæдисхъæрау æртахти æцæгæлон зæххæй нæ фыццаг поэты уынгæг хъæлæс. «Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, куыд ма цæрæм уæ фæстæ!»... Кæмæ фе- хъуысти хъæбулы ныхас? Чи йæ рахаста дзыллæйы рæгъмæ? Ныййарæг зæхх. Цымæ цы уыдаид, Темьтрболат ацы тугæрхæм зарæг туркагау куы ныффыстаид, уæд? Иæ хъæлæс къонайæ фесхъиуæггаг æхсидавау ахуыс- сыдаид Анатолийы æдзард быдырты. Зарæг цæфтæй, фæлае_ цардæгасæй æрыздæхти фыдæлты артдзæстмæ. Ирдй’дзырды фарнæй!.. ь. Пъæзз>шау æнахуыр ныв æнцайы мæ зæрдæйыл. Æцæгæлон бæстæй хъусын х-æтæнхуаг ирон лæд^сы фыдохы хъæр. Йе ’взаг, йе ’гъдау-, йæ ^гйм^ысыл к’йух 69
систа. Къæбæр ракурыны фаг базыдта кæйдæр æв- ЗсП\ Бакастн хъуыраны. Салам ратты фæидаггонæн. Фа\1æ никуы ныццæлх;ь кæндзæни Чермен æмæ Бæ- тæпы фыртты зарæгЛ"Кæй уæрдоны бадай, уый за- ’рæг кæи. Зæрдæ йæ нæ агуры? Уымæн æмæ дæхио- ныл былысчъил кодтай. «Фæсмонгонд æрбауай!» — судзаг æлгъыст азæлы дæ хъусты. Æвирхъау аууæт- тæ зилынц дæ фæдыл. Ды никуал атæхдзынæ нæр- тон кадæджы парахат базыртыл. Никуал фехъусдзы- нæ хъаматау цыргъ æмбисæндты æрттивгæ зы- ланг. Нал æрлæудзынæ де ’мгæртты рæнхъы уæхски- уæхск. Симдæй ацыдтæ. Лæджы æмкад нуазæн дæм ничи ратдзæни. Ды агуырдтай амонд æмæ ссардтай фыдæх. Фыццаг фембæлды дыл æцæгæлæттæ дис кодтой. Стæ-ма, чи дæ, цы дæ? Кæм и дæ лæджыхъæд? Цы гæнæг сты, кæй цурæй рацыдтæ, уыцы адæм? Уæу- уæй, фыдæнхъæл фесты. Æрцыдтæ сæм афтид ар- мæй. Уый нæ, фæлæ ма архайыс уыдон хуызæн уæ- выныл. Фæлæ... Сæхицæй нæ дæ, уый хорз æмба- рынц. Уæдæ чи дæ? Каей хъæуыс? Ничи... Никæй... Цæстырухс тайы фыдæлты уæзæгмæ бæл- гæйæ. Хъусын фæсмоны фæстаг хъæр... Фыдæлты фарн мæрдтæм нæ цæуы. Фыдæлты стырдæр фарн у не ’взаг Ирон нуазæнау нæм рæсугъ- дæй æрхæццæ. Хъуамæ йæ кад æмæ радæй адæттæм кæстæртæм. Уый у мæ царды нысан. Цæудзынæн æм. Цалынмæ мæ астæумагъз нæ бахуыскъ уа!.. 70
ТУАЦЪÆЙЫ КОМУЛÆФТ Нæ къуту, скъæт æмæ кæркдон фаззæттæ уыдысты, ме ’мгар, кæ- нæ мæнæй хистæр. Æз сæ нæ кæр- ты æрæййæфтон. Фæрсæй-фæрс- тæм. Æртæ дæр кауæй быд. Скъæг зæххыл фидардæр лæууыди. Ныл- лæг æмæ бæзæрхыг. Кæркдон æмæ къуту та тæнтъихæг, зæххыл цыма æндзæвгæ дæр нæ кæнынц. Къуту нартхорæн конд уыди, фæлæ дзы^ æз иу æфсир дæр никуы федтон. Уыцы тæбæккæй лæууыди, комхæлиуæй. Стæгдарау. Иæ кауын фæрс- чытæ йын æнцонæй анымайæн уыди. * Къутуйы дзæ- гъæл æппæрстæй лæууыдысты йæхихуызæн зæронд чыргъæдтæ, белтæ, рувæнтæ. Æртæйæн дæр — уис- тæй конд къуырф сæртæ. Дзалайæ æмбæрзт. Хуы- цау йæ зонæг, кæдæй нал уыдысты ивд. Хæтæнхуаг мæгуыргуры сæрыхъуынтау кæрæдзиуыл ныцъцъæпæ- ра сты. Скъæты сæрмæ хъуг æххæссыди æмæ йæм-иу йæ зондджын ахсæны ардыдæй фæныхылдта. Фæлæ а-къуту, æмæ кæркдонмæ чи ’внæлдта? Æмбыд дза- ла зыгуымау згъæлын байдыдта. Къуту, скъæт æмæ кæркдон бæлæсты къалиуты бын æргъæвст сырддон- цъиутау цæмæдæр æнхъæлмæ кастысты. Гæмттæ-иу Æна нартхоры хъæллæгътæй бæргæ амбæрзта, фæ- лæ фылдæрæй-фылдæр кодтой, æмæ сæ йæ сæрæн нал уыди. Къуту цыфæнды фæуæд, уый лæвар- хор у... Дзыцца бакой кодта Джинойæн. Дыккаг бон нæ кæрты дуармæ æрлæууыди галуæрдон. 71
ÆррæвДз кодтам цæвæг, сагой, хосласæн хъйЛ, бæндæнтæ... Рыгвæндагыл цæлхвæд бæрæг дæр нæ дары. Иуæй йæ цæлхытæ сæхæдæг змæнтынц, иннæмæй галтæ. Рыджы сæвдылдысты фæндаггæрон зайæг халтæ. Нырма сæумæрайсом у, фæлæ фæндаджы- рдæм æркъул сты, цыма цæуджытæн лæгъстæ кæ- нынц, мах уе уазæг, ма нæ бахъыгдарут. Хæрзаг зын улæфæн сын у. Цæлхытæ сæ уæддæр æгъатырæй басхуыстытæ кæнынц. Се ’фхæрды фæстæ ма сæ сæртæ æнæбонæй батилынц. Ахæм хус заман Туа- цъæйы быдырты та тыллæг тугыл аскъуыйы. Суадæт- тæ æмæ дзы цъыфдзæстытæн ныккæнæн нæй. Но- джы арæхдæр та дзы каконы къутæртæ, хъамыл æмæ дзала. Джино бады разæй, сæрхъæдæй сæрхъæдмæ цы фæйнæг æвæрд ис, ууыл. Нымæтхуды бынæй нæм зыны æрмæст хъуынджын бæрзæй. Джино зары. За- рæг у рагон. Буары иннæрдæм хизы æнкъард мело- ди. Цыдæр уынгæг аууæттæ атыхсынц зæрдæйыл. Фæлæ æваст æхсаргарды дзæхстау хурмæ ферттивы сæрыстыр ныфс. Цæссыгæмхæццæ цин ныззыланг кæны, ахъары буары. Зынаргъ дын чи у, уыцы адæй- магæй сæрыстыр уæвгæйæ чи фæзыны, ахæм æн- къарæн. Быдираг уынæртæ, цъиуты пæррæст æмæ суадæт- ты цъыллинг фæлварынц Джинойы зарæгæн бахъыр- нынмæ. Кæй уæрдоны бадай, уый зарæг кæн. Уы- дон та мах уæрдоны нæ, фæлæ ма нæ зæрдæты дæр бадынц. Нæ фидауынц Джинойы зарæгимæ быдыры уынæртæ. Кæддæр-иу ирæттæ сæ зарджытæ арæзтой æхсæрдзæнты æмæ хæххон къада куырæйтты уы- нæрмæ гæсгæ. Зарæггæнæг-иу зылдис хъæдтæ æмæ 72
хæххон фæндæгтыл. Лæджыхъæды зарджытæ фыста æхсæрдзæнты, къада куырæйтты тызмæг æмæ дом- бай мыртæй, зæйты æмæ дымгæты ’взагæй. Лирикон зарæг та арæзта суадæтты сусæг улæфт, мæргъты хъæлæстæ, бæласы сыфтæрты фæлмæн сусу-бусуйæ. Джинойы зарæг у лæджыхъæды зарæг. Æвæццæ- гæн, уымæн нæ бады кæрæдзиуыл сæ ныхас быды- римæ. Æрмæст галуæрдонæн æнтысы цыдæртæ. Зарæгæн хъырны. Ныхæстæ зын равзарæн сты. Ацах- сын дзы: уынгæджы бон, джауыртæ, фæтæнком хъа- ма, сахъ лæппутæ... Иннæ дзырдтæ «уæрæйдæйы» бын фæвæййыни. Стæй сæ Джино афтæ ныллæгæй кæны, æмæ сæ уæрдоны хъæр аиорды. Ацабийы суадон... Боны рухс дзы ахъардта. Уы- лæнтæ дзурынц цыдæр амондыл. Хъамылтæ сæ мо- рæ цокоратæ æрцытау бæрзонд систой, цыма арвы- цъæхмæ хъавынц. Бæгънæг зæнгтæм дон кæй.онг æххæссы, уый онг урс дарынц. Рухс кæнынц суадоны бын. Цыма чызджытæ уæрджытæм доны бацйды- сты. Суадон цин кæны уазджытыл. Сæ хуыз систа галтæ æмæ хъамылтæн. Лыстæг æнцъылдтыл худæз- мултæ згъорынц. Джино галтæ суагъта. Кæрдæгыл сæхи ныццав- той. Райхъуысти цъæхснаг хъыррыст. Донгæрæтты дзала сау тæлмытæй бады. Бæхы барцау дымгæфас- тæй æркъули. Цæвæг Джинойы къухты хъазæнау рог змæлы. Кæрдæд#<ы бын йæ хуылыдз сау мукъу фæцæвы. Калмау асыффытт ласы, кæрдæджы хæлт- тæ зыд хæмц кæнгæйæ Кæрдæг мæлæты тасæй дæр- зæг æхситт кæны, цæхæр калы хуры тынтæмг цыма æхсоныл æидоны сæстаг бандзæвыд. Адджын хъыхъ- хъаг тæф уæнгты ахъардта. Уыгæрдæны фарсмæ хъалзæнг саухал нартхæрттæ сæ дзыкъуылатæ бæр- 73
зонд систой, кæмæдæр сæ къухтæ тилынц. Хуымгæ- рон æхсынæн зыбыты иунæгæй лæууы. Цырагъ дары. Пæлæхсар бур сæр æгасæй дæр мидбылхудт феста- ди. Хуымæтæджы йæ нæ хонынц хурмæзилæг. Сæу- дарæй изæргæрæттæм хуры фæдыл зилы. Йæхæдæг дæр хуры æнгæс. Уис уисы не ’ййафы. Уыгæрдæны уистау раст не ’сты. Дзала кæцырдæм фæзилы æмбæхсынмæ, цæ- вæг дæр йæ фæдыл уым смидæг вæййы. Сæ фæстаг хъуырдухæн ма райхъуысы, стæй кæрдæг æнæбонæй æрхуыссы цæвæджы бын. Сæрæгасимæ фæлварæм карст кæрдæг ссивыныл. Хорз нæу, иунæг сагой йед- тæмæ нæм кæй нæй, уый. Джино иу къухæй куы кæр- дид, уæддæр æй нæ баййафиккам. Хур арвыастæумæ схæццæ. Комкоммæ калы йæ тынтæ. Æртæх ын раджы фæци нызт. Ныр кæрдæ- гæн йæхимæ бавнæлдта. Карст кæрдæг адæргæй акъæдзтæ, ампылдтæ. Хуры тынтæ йæ баууылдтой. Ноджы адджындæр тæф скодта. Быдыры ахорæнтæ æмæ зарджытæ сиу сты. Быдыр æмæ зæрдæ дзурынц сæхи ’взагæй. Æрдзы стырдæр гени — хур рацыд ныв кæнынмæ. Алы хахх дæр змæлы удæгасау. Змæлы æмæ зары. Уæздан æмæ зондджын. Арф хъуыды кæд- дæриддæр уæздан вæййы. Арв æмæ Ацабийы суадон уарзæттау кæрæдзиуыл ныддæлгом сты. Æхсынæн зилы йе ’нусон удлæууæн хуры фæдыл. Бафсис ын дзы нал ис. Иæ бур дидинджытæ ныппака кодта. Нартхæрттæ кæрæдзийы ’нцой лæууынц. Сæ ноггуырд сабитæ — сæ хъæбысы. Иуæй-иутæм дзы ис фаззæт- тæ дæр. Дзала дойныйæ сæфы æмæ ныллæг къардиу- тæм æркъул. Хур æрхахх кæны йæ сисæй æмæ ахорæн улæфын райдайы. Зарæг сæмбæлы зæрдæйыл. Нывы ноджы 74
аивдæр кæны галты æхсырджын комытæф, Джинойы цæвæджы æхситт æмæ фæлладуадзæг уæрдон. Уый, мæгуыр, бафæллад сагъæстæ ласынæй. Исдуг ын фа ■ дат куы фæвæййы, уæд æгуыппæгæй йæхи æруадзы. Иæ даргъ рæтæнæгъдтæ æддæгуæлæ æрæвæры æмæ æркув-æркув байдайы цæлхытæ йæ быны бакæн- гæйæ. Джино йæм фæзынди. Уæрдон фестъæлфыди. Джино йын йæ рæтæнæгъдтæ схъил кодта. Галтæ хъуыддаг бамбæрстой. Сæхæдæг бацыдысты æфсон- дзы бынмæ. Джино гуыффæйы иудзæвгар ацамадта. — Марадзут, исчи уæ схизæд уæлæмæ, æрæфсæ- рæд кæрдæг. Дыууæйæ дæр базгъордтам. Æз фæразæй дæн. Сæрæгас хæлæггæнгæ кæсы уæлæмæ. Сагойы дзаг тъыфыл тæхы тъыфылы фæдыл. Уæрдон рæзы хæрд- мæ æмæ фæйнæрдæм. Галты рæгътæ мæм дардæй дарддæр кæнынц, зынынц ма мæм се ’мбистæ. Уæр- тæ æрбазынди нæ хъæу дæр. Йæ сæрмæ тæвд уæл- дæф ризы, цыма лæф-лæфгæнæг куыдзы комы ’взаг змæлы. Тъыфыл тæхы тъыфылы фæстæ. Джинойы сагой ма сыл рæвдауæгау йæ къухтæ æрсæрфы... — Фидар лæуу. Хæстæгдæр батæрæм уæрдон. Сæрбосыл ахæцыди. Уæрдон цудгæ-цудгæ фен- къуысыд. Æз æрныгъуылдтæн астæуæй. Фæхæстæг кæнæм карст кæрдæгмæ. Уæрдон къулвæрсты бацы- ди. Фæцудыдта. Æз ме ’нгуылдзты дзаг кæрдæджы хæлттыл ныддæвдæг дæн. Бырын фалæмæ. Мæ уд пс мæ къухы. Хъуамæ йæ зæхмæ ма ’руадзон. Джино- йырдæм ма иу каст фæкодтон. Уый мæ нæ уыны. Сæрæгасы та мæнмæ не ’вдæлы. Йæ фæдыл ласæн хъил хæр-хæр .кæны. «Сæфын æмæ мæ иу хъуыды- 75
гæнæг нæй»,— сæры магъзы ныцъцъæхахст ласта уыцы хъуыды. Мæ къæхтæ размæ ауагътон, афтæ- мæй цъыгъгъуытгæнаг кæрдæджы уæрдонимæ тæ- хын зæхмæ. Къæхтыл куы ’рхауон, уæд мын ницы уыдзæн. Раст уыцы афон Джино фæстæмæ фæкаст. Ауыдта мæ. Байрæджы. Тæхгæ-тæхыны банкъард- тон амонæн æнгуылдзы сонт рыст. Дзалайы цыргъ æвзаг æй фæлыг кодта. Гуыффæйы ма ’мбисы бæрц аззади. — Гъей, лæггаг! Исчи дæр ма уæрдон чердæм фæлдæхы, уыцырдæм быры? Иннæ фарсмæ æнцой кæнын хъуыди. Уыдæттæ бæргæ æмбарын, фæлæ мын мæ тæппуд чи бахъахъхъæдтаид. Фырæфсæрмæй мæ цæсгом пиллон уадзы. — Цæй, ницы кæны, ацамайдзыстæм та йæ. Æр- тæ лæджы куы стæм.— Ме уæхскыл æрæнцад Джи- нойы уæззау къух, мæ уадулыл йæхн æрбасæрфта. Афтæ мæм кæсы, цыма къух йæхæдæг дзуры. Джино рог цæфæй цæвæджы йæ хъæдæй нæу- дзармы фæсагъта æмæ фæндагмæ араст. Исдуджы фæстæ фæзынд. Иæ къухы цалдæр дугъысыфы. — Æри, лæггаг, цæф бабæттæм... Мæ къух тъепа кæсагау аныгъуылди йæ армы- тъæпæны. Уæрдон ацы хатт ноджы тагъддæр айрæзти. Джи- но йæ цалдæр сагойыдзагæй фæуæле кодта. Хъил Сæрæгасмæ слæвæрдта. Уый йæ кæрдæгыл дæргъмæ æрæвæрдта. Разæй йæ бæндæны дыдагъы фæцавта. Хъил фæсте схъæлæй аззади. Джино йын йæ сæрты бæндæн аппæрста. Æрхæцыди йыл. Уæрдон æгасæй базмæлыд, йæхимидæг бахъынцъым кодта. Джино бæндæн бабаста. Нымæтхуд систа, Хиды лыстæг æр* 76
тæхтæ тад цæххау фæтæн ныхы лæгъзы ныддæв- дæг сты. Ацы хатт уæлдай тынгдæр фидауы сау- стъæлф. Æз та. ’нхъæлдтон, Джино фæллайын нæ зоны. Лæгъзвæндагмæ Джино цæуы галты разæй. Сæ- рæгасимæ уæрдоны рагъæй фæлгæсæм быдырыл. Зынынц нæм æрмæст галты сыкъатæ. Хуры ма иу санчъехы бæрц хъæуы ныгуылынмæ. Йæ тынтæ хæхтæм ныббыцæу кодта. Нæ йæ фæнды ныххизын. Чи зоны, уым уазал у. Уæвгæ хурæн кæд уыди уазал. Иæ был андзæвыди хохы уадулыл. Хæр- заг хъарм былтæ ис хурæн. Разæй — галы сыкъатæ æмæ Джинойы хъæ- лæс. Уæрдон тулы авдæны зарæгау. Хур хохы буары фæхизы. Ие ’мбис фæдæле. Иу лыстæг æхсидав ма дзы зыны. Ныр бынтондæр ныххызти йæ ныккæнд- мæ. Арв — сырх-сырхид. Уый хуры аууон у. Сæ сæр- мæ дæргъæлвæст мигъ хохы тигъæй арвы кæронмæ æрбакъæдз. Хур фæстаг хатт йæ къух тилы, хорз фынтæ фенут, зæгъгæ. Мигъæн йæ дæлфæдджимæ сырх уылæн фæхæццæ. Иæ кæрæттæ — сызгъæрин æндахæй рæхсад, Æрттивынц. Галы сыкъатæ узынц Джинойы зарæг. Арвгæрон фæзынди рагстъалы. Ноджыдæр ма иу. Мæ зæрдыл æр- лæууыд Асæгойы арфæ: «Стъалыйау байрæз, мæ хур». Арв куыд тардæр кæны, афтæ стъалы рæзы, ирддæр кæны. Тулынц уæрдон æмæ зарæг. Тулынц стъалытæ. Тулы арв æнæхъæнæй. Фынæйы агъоммæ ма мæ фæстаг хъуыды уыди: ныр не ’скъæт, кæркдон æмæ къуту мæгуыргуры быз- гъуырты нал баддзысты. 77
ХЪУСЫС, ДЗЕГ? (Дзерассæйы фыстытæй), Циу, цы хабар у? Адæмыл сæ хуы- цау рахатти, æви?.. Мæ сабибонтæй фæстæмæ кæй фыстытыл ахуыр кодтон, мæ зонды чи ныффидар, зынаргъ мын чи уыди, уыдон фæд- фæдыл аивылдысты. Сæ кой, сæ хъæр фесæфти. Лæг ма кæуыл æу- уæнда, кæмæн ракæна йæ судза- джы маст? Алкæмæн дæр æфхæрд, тарст æнгас. Гуырысхо сын бау- уылдта сæ зæрдæ. Уд æртхутæг агъуды куы уа, уæд цæстытæм та рухс кæцæй цæуа! Бахуыскъ сты, тафс сæ нал ис. Хæст сын банызта сæ цин. Нал зонынц худын, галтæ æмæ зæхкусæджы къухтау—мадзура. Æрцахстой Джинойы. Хицауады ныхмæ дзырдта? Æмæ йæ мæхæдæг нæ федтон? Гагийы хуызæттæ со- ветон хицауад сты? Уацирæт... Уацирæт... Иæ лæг фыдæвзæгты азар баци. Ус баззад йæ сидзæримæ. Лæппу мæнмæ ахуыр кæны. Дыууæ боны нæ фæзынди. Æртыккаг бон мæ фæндаг уыдоныл ракодтон. Уæззау рынчы- нæй баййæфтон Дзеджы. Цæстыбынтæ сау рæсыд, цыма сыл бындзытæ фæхæцыдысты. Æххормагæй. Цæстытæй ма гæзæмæ рухс кæлы. Сæ цин цыдæр æвирхъау тых банызта. Мард буарау бурбын хом хъуымац — гобаны æмбæрзæн æмæ хъæццулы цъæрт- тæ... Уацирæт — æфсæрмдзæстыг, хъоппæгцæст. Цæс- тытæ цырæгътау æрцауындзæг сты Дзеджы сæрмæ æмæ йын æнæбары худтæй рухс дарынц: 78
— Дзег, мæнæ дæм Дзерассæ æрбацыди. Лæппу батыхсти. Мæ хъуыр æмæ мæ цæстытæм цыдæр хъарм, фæлæ судзаг уылæнтæ æрбанхъæвз- той. Цæссыгтæ... Нæ сæ бауадздзынæн. Уыныс, уæр- тæ уыцы нæртон сылгоймаг куыд худы. Науæд саби. Цæмæн фефсæрмы ме ’рбацыдæй? О, нæлгоймаджы сæрыстырдзинад! Зонын æз. Зонын. Ныртæккæ йæ фæнды æккойæ айнæг дуртæ хæссын. Ие уæхск фестид мæцъис, йæ армытъæпæн — гутоны ’фсæн. Тыхсы йе ’нæбондзинадæй сылгоймæгты цур уæлгоммæ кæй хуыссы, зæрдæтæ йын кæй æвæрынц, адзæбæх уы- дзынæ, зæгъгæ, уымæй. Сабибонтæ—адджын мыси- нæгтæ. Фæлæ цы ’рымысдзысты ацы сабитæ? Сæ фынтæ сæгуытты балау, стъæлфгæйæ кæй æрвыстой, цуанонау хæст сæ фæд-фæд кæй хъуызыди, сæ ка- рæнтæй бирæты артæвзагыл кæй бавзалы кодта, уый? Сæ сабибонтæ сын аргъауы залиаг калмау иугай-дыгай кæй фæдавта, уый? Хъусыс, Дзег? Æр- махуыр цæргæсау фыды мадзура къух кæд æрæнцад де уæхскыл? Уалдзыгон хур зæххæн йæ зымæгон уаргъ, йæ фæллад куыд сисы, афтæ дын кæд асырд- та де ’рыгон уæнгты рис, дæ зæрдæйы удхар?.. Лæдзæджы сонт хостмæ мæ хъуыдыты зилдух æрбадæлдзæх. Хорæй йедзаг къæсса уæхсчытæй ра- хауди æмæ дзы иу гага нал аззади. Уацирæт ахызти кæртмæ. Хъусынц мæм ныхæсты скъуыдтæ: «Абон ма мæ ныууадз, Гаги... Лæппу нæ- фæразгæ у»... «Ныр дын сылгоймаг уæвгæйæ худи- наг нæу! Цал цыды дæм æрбакодтон! Уæд та мæнæ уазæгæй фефсæрмы у!» «Омæ дын, Гаги, куы загъ- тон, абон мын ацæуæн нæй... Уæртæ йæ фен дæхæ- дæг». Райхъуысти ноджы тыхджындæр хъæлæба, сы- 79
ьæллоны цъæхахст. Разгъордтон. Уынын æбуалгъ ныв. Кæрты цалдæр нæлгоймаджы. Гаги цæхæрадо- ны кауын кулдуары фале. Æрлæууыд астæумæ нарт- хоры цур. Иæ къухы — цæвæг. Кауы сæрты ра- дзырдта: — Рувынмæ ацæудзынæ æви нæ? — Гагийы цæс- тытæй дыууæ къуымых бырауы арæзт уыдысты Уа- цирæты зæрдæмæ. Сидзæргæс ницы дзуры. — Æппындæр сын цæсгом нæй. Æнхъæл сты, со- ветон хицауад адоныл лæууы. Марадз, дæ куыст кæн. Дзуры, Гаги «уазæг» кæй схуыдта, уый. Хæрзконд лæппу. Астæуыл — фæтæн æфсæддон рон. Иæ сæр бæрзæндты чи хæссы, уыцы къуыдиппытæ ахæмтæ дардтой. Дурхуыз цæстыты уазал хъуыды базмæлы- ди: цыфæнды уæд, мæ хæдзары куыстмæ сæ не ’рви- тын, миййаг. Хицауад сæхæдæг дзуапп дæттæнт. Райхъуысти нартхоры дæрзæг æхситт. Астæумæ æвзартæ фыццаг сæ къах скъуырынц цæвæджы цыргъыл. Уырдыг лæугæйæ аззайынц. Банцайынц сæ сыхагыл. Фæлæ сыхаджы дæр баййафы уыцы азар. Фæтæн сыфты хъустæй схъиуынц ставд урс æртæхтæ. Кæуынц æвзартæ. Уацирæты цæстытæ гом- хих бæласы къалиутау — джих. Æвæццæгæн, уынгæ нæ кæнынц. Цæуылнæ исты дзурынц? Нæдæр — тас, нæдæр — æртхъирæн, нæдæр — рис... Фæзынди Джино. Комкоммæ бацыди Гагимæ. — Сидзæргæс устытимæ тохы æвдисыс дæ лæг- дзинад, фæлдыст фæуай! Гагийы риу батæбæкк Джинойы тымбыл къухы уæзæй. Ие уæхсчытæ йыл ауындзæгæй аззадысты, Æфцæггот уæрдæх æлхынцъау аци. 80
— Сымах советои хйцауад рарвыста? Æнаккаёг^ тæ! Кæм хъæуа, уым ныхас кæндзынæн. Ныр уал уæ- хи айсут æнæфыдбылызæй! Райсом колхозы иумæ- йаг æмбырды дзурдзыстæм. — Хуыцауы фыдæхæй дæр нæ тæрсыс, гормон! — йæ ныхас баппæрста Асæго. — Гаги хуыцауы нæ, фæлæ æрмæст хицауы фы- дæхæй тæрсы,— дзуапп радта кæйдæр мæсты хъæ- лæс. Нал радзырдта Джино æмбырды. Дзырдхæсджы- тæ фæразæй сты. УАЗÆГ —ХУЫЦАУЫ УАЗÆГ Изæр æмæ аргъау æрбацæуынц иумæ. Изæр æрбахæссы... Æмæ цынæ ’рбахæссы? Стъалытæ. Ван-Гогы нывты стъалытæй ставддæртæ. Раст тымбылкъухы йæстæ. Мæй. Алыхатт дæр алыхуызон. Куы æх- сырфау лыстæг. Куы доныхъазау æрдæгтымбыл. Куы та цæлхыдзаг. Арвы æвзист рифтаг. Стъалытæй куыд дзаг кæны, афтæ стырдæр. Стъалыты чидæр сисы æмæ та рифтаг тæбæккæй аззайы... Аргъау йемæ æрхæссы... Нæ, фыццаг уал аргъау чи ’рхæссы, уый: Рагон у Дзыцца. Аргъæуттæй кæ- цыфæндыйæ дæр — хистæр. Алкæй райгуырд дæр дзы хъуыды кæны йæ фондз къухы хуызæн. Дзыцца хистæр у нæ дуармæ пæлæхсар сусхъæд бæласæй дæр. Йæ цæсгомыл цас æнцъылдтæ ис! Уалдзæг быдыры уыйбæрц ауæдзтæ нæ вæййы. Был- 6 Ныббар мын, Дзерассæ 81
тæ баихсыдысты. Æвæццæгæн, аргъау кæнынæй. Æм- бисæндтæ та цас зоны! Цыма йæ ныхы æмæ уадул- ты æнцъылдты æмбæхст вæййынц. Уайтагъд сæ фæ- цъортт ласы. Аргъæуттæн сæ донгуырæн, сæ райдайæн вæййы иухуызон: «Раджыма-раджыма»... Иугæр Дзыццайы дзыхы уыцы ныхæстæ фегуырдысты, уæд мæнæн мæ хорз арæзт у. Сахуыр сыл дæн, мæнæ изæры æрба- лæудыл куыд сахуыр дæн, раст афтæ. Уыцы дзырд- тæй райдыдтой мæ абетæ. Раджыма-раджыма... Æвæдза, кæд æмæ кæд уыдаид уыцы хабар. Аргъау æмæ зæрдæ зæронд нæ кæнынц. Уæвгæ та æнæмæнг уыди. Хæрзаг зæгъут: аргъау кæд уыди æцæг? Дзыц- цайы цур ма срæдиут. Куы базона, йæ ныхасыл ын не ’ууæндут, уæд аргъауæй æнæхай фестут. Аргъæутты адæймæгтæ æмæ цæрæгойтæ вæййынц нæ хъæуккæгты хуызæн. Аргъауы лæг бæзæрхыг æмæ хъæбатыр куы уа, уæд Дзыцца фæзæгъы: уæр- тæ Джинойы ’нгæс. Намæ, лæг фæлитой, хиппæлой, козбаугæнæг у, уæд Дзыцца фæкæны: раст Гагийы халдих. Ныхас фæцæуы æнгом. Мæсыг амайæгау. Дур дуры фарсмæ. Фæлтæр фæлтæрыл. Дзырд Дзыцца- йы дзыхы куы æхсаргардау ферттивы, куы æхсоныл æндоны лыггаг æрцæвæгау цæхæр акалы. Науæд уалдзыгон ауæдзау йæ хъарм тæф амбæлы зæрдæ- йыл. Кæнæ суадоны дур куы ныппарай, уыйау æнуд хъæр ныккæны, масты таппузтæ хæрдмæ æппар- гæйæ. Иу æмбисонд, иу таурæгъ дæр æнæхъуаджы ни- куыма ракодта. Цас уыдысты Дзыццайы таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ? Стъалытæн нымайæн ис? Фæлæ дзы дард стъалыйы рухсау мæ зæрдæйы æрттивы иу. 82
Зымæг йæ тæмæны уыд, фæлæ зæххыл миты тæпп нæма æрхауди. Алы цъыфдзастæй, алы галыфæдæй дæр хъызт йæ авгхуыз ихын цæстытæй касти. Иу изæр нæ дуармæ фæзынди мæгуыргур. Иæ быз- гъуырты алы хуынкъ дæр мæм комхæлиуæй касти, æххормаг цъиуы лæппынау. Армыдзаг хор ыл ба- кал, уæд дзы зæхмæ иу гага дæр не ’рхаудаид. Йæ хæлафы уæрджытæ ныпписи сты, æртхос ссудзæн сыл и. Агуырдта æхсæвиуат. Цыдæр тæригъæд æм фæзынди мæ зæрдæйы къуымы. Фæлæ уайтагъд хæд- дзу уазæгау æрбасхъæл æндæр хъуыды: кæд исты лæгмар, кæнæ давæг у, уæд та? Тæппуд хъуыды фæ- уæлахиз. — Кæм цы дзæгъæл хæтæг ис, уыдонæн фысым куы уæм, уæд нæ сæр куы бахъуыди... Цы уыд мæгуыргуры цæстыты? Æфхæрд? Маст? Лæгъстæ? Мæнмæ гæсгæ уыдон йæ хызынау уыды- сты афтид. Æз саби дæн. Саби æмæ куыдзмæ та мæсты ничи кæны. Уазал æмæ стонг æй сæ фæдыл ахæр-хæр кодтой цъыфдзæстыты. Мæ «сæрæндзинад» Дзыццайæн цæуылнæ хъуа- мæ аппæлыдаин! Дзыцца ма уынгмæ бæргæ ратындзыдта, фæлæ хæтæнхуаг бæлццон тигъæй фæаууон. Чидæр æй суазæг кодта. Уазæг хуыцауы уазæг у. Æмæ райгуырди таурæгъ... — Ды Арвыкомы. никуыма уыдтæ. Куы байрæ- зай, уæд æй фендзынæ. Хæхтæ сæхи бæрзонд систой. Кæрæдзи æнцой лæууынц. Арв — цъæх-цъæхид. Раи- вылди комыл. Ахъардта айнæджы скъуыдты. Арвы- ком дæр æй уый тыххæй хонынц. Терк дæр арвæй кæлы. Кæмдæр йæ рæбын цы цъити ис, уырдыгæй. 83
Уый дæр ахаем цъæх. Йæ галиу фарс къахвæндаг айнæджы цыргъытæм лæбуры, тыхтæ-амæлттæй фæл- вары рагъмæ схизыныл. Куы фæуæле вæййы, уæд æваст амбæхсы пысырайы къутæрты. Цыма йæ исчи сургæ фæкæны. Пысыратæй иугай дуртæ сæ цыргъ кæмттæ сдардтой. Уый мæсыджы бындзæфхад у. Къахвæндаг базæронд. Искуы иу бæлццонæй дард- дæр ыл ничиуал цæуы. Æнкъард кæны. Æлхынцъ- æрфыг пысыраты астæу нынныгъуылди. Раджыма-раджыма... Æз бандзыг дæн. Таурæгъ йе ’цæг донвæдыл фæ- хæст. Уымæй размæ лыстæг суадæттæй згъордта. — Раджыма-раджыма уыцы мæсыджы царди иу лæг Дудар. Æмбисонды рæсугъд уыди йæ иунæг хо Зæри. Хуркъæвдайау хъазыдысты йæ цæстытæ. Кæм- дæр сæ æнæбын сау æрфытæй æддæмæ бырстой амонды тынтæ. Усгурты зæрдæтæ тавтой, цыдæр æнæзонгæ лыстæг уидæгтæй сæ хъыдзы кодтой. Тæх- гæ зæрватыччы базыртау æрфгуытæ — фæйнæрдæм рог æппæрст. Цыбыр сау дзыккутæ—хъæбæр быд. Цыма уыдоны дæр цин бамбæхсти. Хъуымбылæй иу фæпæррæст кодтой фæсонтыл. Арæх æй къах- вæндагыл цæугæйæ уыдтой бæлццæттæ. Иу бон та донгуырæнмæ æрцыди. Гогон байдзаг кодта зæххы сойау уæззау æмæ сатæг донæй. ~Ие уæхскмæ йæ систа. Æваст райхъуысти гæрах æмæ дурты гыбар-гыбур. Чызг фестъæлфыди. Фестъæл- фыди гогон дæр. Иæ хъуырæй атахти доны пырхæн- дæг. Хурмæ æхсоны цæхæрау ферттывта. Чызг фæ- касти рындзмæ. Айнæгыл бæласау лæууыди сау æн- дæрг. Хур касти йæ фæсонтæм. Нæдæр цæсгом зынди, нæдæр дарæс. Цыма айнæгимæ иу уыди. Сау бæрæг дардта арвыцъæхыл. Стæй фенкъуыст йæ бы- 84
натæй. Къалиутæ базмæлыдысты. Мæнæ бæлас æр- цæуы Зæримæ. Иæ къабæзтæ — æлвæст. Сау нымæт уæхсчытæй цæргæсы базырау стæхынæввонг. Цуа- нон йæ хъыримаг саджы мардыл æрæппæрста. Зæ- рийы цур фегуырди. Цæстытæ — арты ’взæгтæ. Сау цæхæр калынц. Цухъалвæст уæнгтыл пиллон уа- дзынц фæтæн хъама æмæ бæрцытæ. Зæрийæн хъыг уыди лæппуйы къæйныхдзинад. Æнæдзургæйæ араст къахвæндагыл. Фæлæ та сау цуанон февзæрди йæ размæ. — Чызг, хатыр. Сырд нæ дæн, лидзгæ мæ кæдæм кæныс? Зæрийы зæрдæ бæрз уисау фæтасыд. Уазæджы уæздан ныхас æмæ ныфс домбайдæр разындысты. — Æз дæн Куырттатаг цуанон Арæхдзау. Айфыц- цаг ма дæ федтон уæлæ уыцы рындзæй. Уæдæй ныр- мæ мæ мæ хивæнд зæрдæ ацы сагвæндæгтæм ласы. Кæнæ сыл мæ амонд ардзынæн, кæнæ мæ адзал. Зæгъ мын дæ ном æмæ æвгъау ма бакæн иу мидбыл- худт. Уыцы ныхæстæ ахæм аив фидыдтой лæппуйы дзы- хы, æмæ сæм дур дæр базмæлыдаид. Чызг бахудти, йæ ном загъта. Лæппу дæр йæ амонд æмæ йæ саджы мард йе ’кой баппæрста. Дыккаг бон Арæхдзауы зæрдæйы минæвæрттæ Арвыкомы балæууыдысты. Дудар чызджы фæндыл дыууæ нал загъта. Бафидыдтой. Чындзæхсæв снысан кодтой æртыккаг хуьщаубонмæ. Усгуры зæрдæ бæр- зонд хохыл ис. Раздæрау сагдзуан цыди. Арæх æм- бæлдис йæ амондыл суадоны был. Раст ма къуыри баззади чындзæхсæвмæ, афтæ Дудармæ уазджытæ фæзынди. Дард хъæуккаг æл- дар. Уый рагæй дзырдта Зæрийыл. Фæлæ йын ницы 99
ком лæвæрдта. Уæддæр архайдта чызджы йæхирдæм фæкæныныл. — Дудар, мæ хур, дæ хо зæды хуызæн сылгой- маг у. Фæлæ йæ уыцы хæтæгхуаг цуанон куы ахæс- са, уæд доны къусы сæфт фæкæндзæни. Чи у Арæх- дзау? Цы йæм ис? Кæд искуы сæгуыт, кæнæ дзæби- дыр амары, уæд хорз. Дудары цæстытæ æрфгуыты бын арф аныгъуыл- дысты æмæ хъуырдухæн кодтой сæхимидæг. Нæй, лæгæн йæ дзырд сайын не ’мбæлы. Цы зæгъдзысты адæм? Зæрийæн йæхи фæрсæг нæ уаид, фæлæ ма цы цæсгом равдисдзынæн хъæубæстæм? Æлдар не ’нцад: — Баууæнд мыл, Дудар, фæсмонгонд нæ уыдзы- нæ. Мæнæй та дын — сызгъæрин, дæ зæрдæ цас зæ- гъа, уыйбæрц. Сызгъæрины коймæ Дудары æрфгуытæ фестъæл- фыдысты, æрдын куыд фестъæлфы, афтæ. Сагъæс фаты бырынкъыл атахт. Æхца æмæхæйрæг рагон лы- мæнтæ сты. Æууæнк сыл нæй. Æфсоны «нæ»-тæ ма фæлвæрдта Дудар. Зæрдæ та сызгъæриндоны бæгъдулæг кодта. Сæ ныхас алыг æрæджиау: — Ахсæв Хуыскъададжы æнхъæлмæ кæс. Фыц- цаг кæркуасæнтыл чызджы рахондзынæн. Ничи ницы базыдта Зæрийы сæфтæн. Дзырд- той, æнафоны йæ аскъæфтæуыди. Фыдгæнæг не ’сбæ- рæг... Дудар æнхъæлмæ касти лæвæрттæм. Цæй сыз- гъæрин æмæ цæй цыдæр. Куыдзы комæй стæг... Æл- дараты мыккаг ахæм у рагæй дæр. Иæ цæст бафсис нæ зоны, дзæнæты быдыртæ дæр ын къуындæг сты. Дудары зæрды æрæфтыди маст райсын, Фæлыгъд §6
абырæг. Цæрддзуйæ æрвыста бонтæ. Æхсæв-иу сæф- тыд йæ гæнахмæ дæр. Зæри та, мæгуырæг, æлдары хæдзары хъизæ- мæрттæ кодта. Йæ цæстырухс тади. Бон ын æнусæй даргъдæр уыди. Æхсæвы æрцыдмæ æнхъæлмæ касти. Æхсæв ын-иу æрхаста адджын фын. Цагъайраг хорз фынтæ уыны. Иæ ныфсы мæсыг-иу æрцыди иухат- тау суадоны былмæ. Ие уæнгтæй хъазыд, йæ цæсты- ты — сау цæхæр. Уæздан хъæлæс зæрдæйыл æмбæл- ди, тавта йæ арты базырау. Бафæллади Зæрийы зæрдæ, сагъæсвæндæгтыл баихсыд. Сфæнд кодта фæ- лидзын. Иу æхсæв йæхи æртыгъта басылыхъхъы, æр- баппæрста уæйлаг нымæт, хотыхрæвдзæй сбадти æл- дары бæхыл æмæ скуывта: — О, ме ’скæнæг, фæдзæхсын дыл мæ сидзæр уд. Хуыцау ын йæ куывд фехъуыста. Æлдары хъæ- уæй куы адард, уæд мæй быдыргæронæй стылд æмæ хæхтæм йæ фæндаг дардта. Зæрийæн æмбæлццон. Рухс ын кодта йæ развæд. Цыди барæг. Сау æхсæв æмæ сау нымæты тыхтæй хаста йæ фæллад уд. Фæн- даг æмæ йæ саулохы бæрны бакодта. Йæ мæнгард æфсымæрыл йæ зæрдæ нæ дардта. Фæлæ цыдис хæх- тæм, йæ райгуырæн гæнахмæ. Мæй арвы астæу лæу- уыд, афтæ æрбахæццæ Хуыскъададжы былмæ. Сау æгуыппæгдзинады ныгъуылынц уæйыг къæдзæхтæ. Мæй кæдæм не ’ххæссы, уыцы къуымтæ тар цæстæй кæсынц Зæримæ. Алчидæр сæ æмбæхсы фыдгæнд. Уартæ сæ иуæй фæхицæн цыдæр æндæрг. Чызджы буары алы кæрæттæм фæдисæттау азгъордтой тасы аууæттæ. Хойынц дзæнгæрджытæ. Зæрдæ дзуры: «Ма кæн, мауал цу дарддæр!» Зонд дзуапп дæтты: «Дæ фæндаг дар, дæ цæстытæ дæ сайынц». Зæрдæ йæ дуар хойы, хъæр кæны: «Ды цæуыс адзалы къæхты .87
бынмæ»... Зонд сабырæй дзуапп дæтты: «Æнæуи дæр цæрдтæй мæрдты ’хсæн дæн». Змæлы сау æндæрг. Зæрдæ æмæ зонд хъуырду- хæн кæнынц. Бафидауын сæ кодта нæлгоймаджы бæзджын хъæлæс. — Æрлæуу! Кæцы дæ? Диссаг! Фыны мæм-иу чи хъуысти, уыцы хъæлæс. Арæхдзау? Нæ, дæхи хъал кæныс. Арæхдзау сæфт у, æндæр ныронг дæ фынтæй исчи æцæг рауа- даид. — Æрлæуу!.. Зæгъ, чи дæ, кæцæй цæуыс? — анæрыд ноджы фидардæрæй. Хъæлæс хъуысти хæх- тæй дæр. Уый у. — Арæхдзау... Хæхтæ бафæзмыдтой Зæрийы хъæлæс: «Арæхдзау». — Арæхдзау... — Зæри... Ныр хохы алы скъуыд дæр æмыр хъæлæсæн дзырдта уыцы нæмттæ. Цин кодта ком æгасæй. Ссыдысты сæ амонды суадонмæ. Нæма ферох иу- хатты зарæг. Æрмæстдæр æй æртæйæ æмбæрстой — Зæри, Арæхдзау æмæ суадон йæхæдæг. Зарæг цыдис зæххы бынæй. Донимæ: «Мæ сæфтдзаг хур... Мæ. фынты адджындæр... Мæ цæссыг мын хъыхъхъаг фæздæгау асырдтай. Ногæй уынын мæ амонд... Дæ хъарм комулæфт мæ царды уддзæф бауагъта. Хъу- сыс? Зæрдæтæ кæрæдзимæ хойынц. Цæстыты рухс баиу æнæзынгæ судзгæ хæлттæй. Æз агуырдтон дæу хох æмæ быдыры. Фæндæгтæ кæрæдзиуыл ныссуй- тæ сты. Зæрдæ сыл æргъæвст бæлццонæй батад. Æз фарстон стъалытæ æмæ хуры. Фæлæ дзуапдæттæг нæ уыд...» ДО
Зарыдысты зæрДæтæ. Зарыд суадон. Мæй рæдЗЗе- мæдзæ кодта лыстæг уылæнтыл. Суадон æй дæлæмæ комы бынмæ ласта, фæлæ йын ницы ’нтыст. Айнæ- джы цыргъыл кæм фæдыдагъ суадон, уым хъизæмар кодта. Æривæзт дæлæмæ. Цыдæр мæнгæфсон æрду- тыл ауындзæгæй аззад. Уылæн-иу базмæлыди. Мæй- иу йæхи дзедзыройгæнгæ фехста айнæджы сæрмæ. Рухсы цæгтæ кæрæдзиуыл тыхстысты. Исдуг-иу ип- пæрдæй удхар систой, стæй та-иу зыланггæнгæ баиу сты. Зæрдæ хъазыд зæрдæимæ... Чи зоны, цас фæцин кодтой кæрæдзиуыл. Зæри загъта: — Æз цæуын гæнахмæ. Мæ мæнгард æфсымæры бабæрæг кæнон. Уæддæр æфсымæр у. Дæхæдæг зо- ныс, ацы мæнг дунейыл мын уый йедтæмæ ни- чи ис. Уыйадыл саулохыл сбадт æмæ фæцагайдта. Арæхдзау йæхи айста адагмæ. Зæри дуар бахоста. — Чи дæ? — Фæндаггон. Агурын фысымуат,— аразгæ хъæ- лæсæй бадзырдта чызг. — Цафоны уазæг у!—райхъуысти Дудары хъуыр- хъуыр. — Æрмæстдæр иунæг æхсæв... Хуыцауы хаты- рæй... Мæ бæх бастади. — Дæ фæндаг дар!—ноджы тызмæгдæрæй ра- хъæр кодта лæг. — Гъе, уæу-уæй, гъе... Ирон лæг... йæ хойæ базар чи кæны. Уазæг æмгæрон чи нæ уадзы... Уыцы ныхæстимæ Зæри бæхы фæрстæ басхуыста. Дударæн æнæуидæр йæ дæндæгты къæс-къæс цыди. 89
Чи мæ хынджылæг кæны, зæгъгæ, топæргъæвдæй разгъордта. Стъалытæ фæфæлурс сты — бонмæ бирæ нал уыд. Æхсæрджын къохæй уыджы уасын зæрдæ саста. Га- лы фæллад улæфтау комрæбын не ’нцади Терчы уы- нæр. Дудар згъоры бæхы къæхты хъæрмæ. Мæнæ йæм æрбазынди барæджы æндæрг, Сæргъæвта хотых. — Æрлæуу! Чи куыдз, чи хæрæг бафхæрдта мæн? — Дудар, мæ мæнгард æфсымæр. Æз дæуæй фылдæр æфхæрдтæ зонын. Ды сайд æмæ лæгдыхæй ауæй кодтай дæ иунæг хойы. Ныббарстон дын æй. Фыдæй-фыртмæ уазæгæй кадджындæр ницы уыд Иры дзыхъхъы. Ды йæ ахсæв аздæхтай дæ кæртæй. Дæу басудздзæн фыдæлты азар... Гæрах. Фæстаг ныхас баиу сылгоймаджы зæрдæ- халæн цъæхахстимæ^ — Ноджы ма иу фыдраконд...— хъæрзгæйæ сдзырдта Зæри...— Сылгоймагмæ къух сисын фы- дæлтæн амæлæт уыди. Кæм ис, Дудар, дæ лæджы- хъæд?.. Гæрах. Ацы хатт фехста барæг. Нæмыг. Дудары зæрдæйыл сæмбæлди. Хъыпп-сыпп дзы нал рай- хъуыст. Арæхдзау фæфæдис. — Цы ми бакодтай? Дæ иунæг æфсымæрмæ дæ къух... Чызгæн йæ сæр саргъы гопмæ æркъул. Къуыбар цæссыгтæ хаудысты зæрдæйæ. Хæкъуырццæй куыд баиу хъæрзынимæ. Арæхдзау æй хъавгæ райста. Ныскъæфта йæ суа- 90
донмæ. Йæ хъæдгом цонг ын бабиноныг кодта. Йæ армытъæпæнæй йын дон дардта. Чызг æрчъицыдта. Суадон кодта ног зарæг... Фæци Дзыццайы таурæгъ... Цымæ чи суазæг кодта мæгуыргуры? Иæ алы быз- гъуырæй дæр мæм кæсы хъызт мæйдар.
эпилог Рагæй æрæгмæ афтæ уыди. Фæн- даг мæ слæууын кодта къахыл. Ра- хуыдта мæ уынгмæ. Федтон Ас- ’тæудон. Фæндырдзæгъдæджы æн- гуылдзтау ыл æндзæвыдысты сæр- гуыбыр хæристы къалиутæ. Хур — хинайæг. Тæрсгæ-ризгæйæ ныххыз- ти донмæ. Аргъауы чызджы сыз- гъæрин цокорайау йæ тынтæ рæ- дзæ-мæдзæ кæнынц уылæнтыл. Фæндаг мæ сæргъæвта нæ пæлæхсар тутамæ. Ар- выцъæх агурæг йæ къабæзтæ кæдæм нæ фæхæццæ сты! Сыфтæртæ йæм зараг цъиутау æртæхынц уал- дзæг. Рохуаты цы къалиутæ аззайынц, уыцы гæмтты та æрбынат кæны арв. Къалиутæй мын алчидæр уы- ди фæндаг. Æмæ йыл цыдтæн бæрзондæй-бæрзонд- дæр. Иннæ къалиутæ та мын фыды уæхскау лæууы- дысты æнцой. Фæндаг мæ ахуыдта Стырдонмæ. Кьуыммалмæ. Уый цæуы нæ хъæуы галиу фæрсты. Хæдзæртты йæ хъæбысы æрбакодта. Авдæнгæс усау зары. Кæддæр ын чысылæй, хæхтæ бацамыдтой зарæг. Хъусынц æм донхæристæ, бæгънæг сабитæ, дæрзæгхал дзала, ри- 92
вæдгæнæг фос. Хæхтæ та бæрзонд сты. Уыцы зарæг сын арв æмæ стъалытæ кодтой. Фæндагимæ фыццаг хатт ацыдтæн хуыммæ. Ме- мæ уыдысты Сæрæгас æмæ колхозы галтæ. Куыд хъæлдзæг уыдыстæм уыцы бон! Æрхауди нæм нæлгой- маджы куыст. Уый размæ нын-иу Джино хуым код- та нæ цæхæрадон. Æз хæцыдтæн галты сæрбосыл. Галтæ — æрхæндæг æмæ уæздан. Кæнынц æхсыр æмæ хуымгæнæджы тымбыл къухы тæф. Сæ ком- улæфт—пецы дзыхау рæвдаугæ андзæвы салд æн- гуылдзтыл. Галтæй иу цæуы ауæдзыл. Уымæн уæз- заудæр у. Æфсондз ууыл æнцайы. Дзæгъæлы Шл не ’сбадти дæллаг галы ном- Адæмæй дæр ис дæл- лæгтæ. Хатгай йын, йæ дыууæ сыкъайы ’хсæн цы дзыхъхъ ис, уый аныхын. Иæ хуылыдз мукъу æрба- ивазы. Цæстытæ гæзæмæ барухс вæййынц, цыма бæ- лæсты бын æмбæхст суадоныл арвыцъæх æрхауы. Æнгуылдзтæ тутайы уидæгтау сырх. Кæрæдзи нал æмбарынц. Фæлæ сæрбосæн уадзæн нæй. Цы бан- хъæлдзæн Сæрæгас? Уымæн зындæр куы у. Ды сæр- босыл иу къухæй хæцыс, иннæ та уæдмæ дæ роны йæхи фæтавы. Уый та гутоны дыууæ къухыл дæр хæцы. Ноджы дзы иуæн йæ хъæдын хæцæн саст у. Айдагъ æфсæйнагыл æнгуылдзтæ ныддæвдæг вæй- йынц. Уæддæр ницы дзуры. Мæнæ ацы галтау. Иу æртæ зылды ма æмæ аулæфдзыстæм. Хæрзаг ма зæ- гъа Сæрæгас, раздæр йæхи фæлæг кодта, ныр йæ ба- зыртæ æрхаудысты. Ауæдз фæлдæхы ауæдзыл. Афтæ бæлас кæлгæйæ банцайы йæ сыхагыл. Уылæнты уад куы фæсуры, уæд тæхгæ-тæхыны афынæй вæййынц кæрæдзи уæлæ. Куывд æмæ чындзхастæй ирон зарæг раивылы фæлтæргай. Фæлтæр æнцайы иннæуыл. Нæ фæллад суагътам. 93
Ныр та æз хæцын гутоныл. Йæ къухтæ ныппака сты, цыма мæ хъæбыс кæнынмæ хъавы. Кæддæр Джиномæ хæлæгæй мардтæн, гутоны фæдыл-иу куы цыди, уæд! «Цобе, уæйгуытæ!» — тахти йæ хъæлæс ауæдзæй. Мæнæй сæрыстырдæр кæм и! Дзывылдар- тæ, æвæццæгæн, зæххы сауыл дис кæнынц. Сыджыты къуыбарыл фæцудынц, сæ къæдзилты базмæлдæй сæхи бауромынц. Къаннæг чызджытæ хъазынц реуа- гæнæн фæйнæгыл. Цымæ мæм Дзыцца никуыцæй кæсы? Хæрзаг зæгъы, мæ хъæбул ныр лæджы бын- дзæфхад у. Хуымгæнды сау таг астæумæ баирвæзыныл йæ быцъынæг тоны. Цыма фиййау йæ сау нымæт йе уæхс- чытыл æрбаппæрста. Фæстагмæ æнæконд урс уаццаг æрбайсæфти. Галтæ сулæфыдысты. Сæты лыстæг æн- дæхтæ сæ фæдыл ласгæ араст сты кæртмæ. ...Цæуын мæ зонгæ фæндагыл. Диссаг. Цæй ныл- лæг у куыройы сæрмæ къуыбыр? Албеджы куырой дæр зæхгæсы мусонгæй стырдæр нæу. Астæудон суа- доны йас ныцци. Æниу йæ сæрты цы къаххид ис, уый та? Фæндаг бынтон ныццыбыр. Цыма нæ сыхы хæдзæрттæ мæ размæ рацыдысты. Мæнæ нæ хъазæн фæз. Раздæрау — нæугæрдæгæй æмбæрзт. Гуда-иу куы ныкъкъуырдтаис, уæд къанаумæ дæр нæ тахти. Ныр æй цæв, æмæ цæуджытæй искæй цæстыл сæм- бæлдзæни. Кæм ис мæ тута? Кæддæр-иу мæ мæ фыды уæззау къухы бæсты бæрзæндтæм чи иста, уыцы пæлæхсар бæласæн йæ бындзæфхад дæр нал ис. Нæ ныккæнды сæр хъахъхъæнæгæй цас фæлæууыди! Сымси мын йæ къæдзилы тылдæй салам нал радта. Æрмæст сабитæ æмæ куийтæ зонынц афтæ цин кæ- нын. Нæ сæрдыгон хæдзар фынæй лæгау нал бакъул уыдзæн уатыл, Сæ бынаты — агуыридурæй цыппæр- 94
дигъон бæстыхай. Сывæллоны хъазæнау хæрз- æфснайд. Кæм ис мæ къаннæг хæдзар? Чи ма æр- цæудзæн мæ фынтæм? Дыууæ тыхы хъуырдухæны бын мæ риу æнуд кæны. Цин æмæ рис. Кæнæ иу, кæнæ иннæ! Кæд фидыдтой иумæ маст æмæ адджын. Кæсын, фæлæ нæ уынын. Цæстытæ дзаг сты дыууæ уæззау мигъæй. Мигъ æртыхст мæ хъуыдыйыл. Улæ- фын æй нæ уадзы. Æлгъитын хъысмæты. Цæмæн фæлидзæм нæ рагбонты цæрæнтæй? Къуырма æх- сæвдзу мæргътæ стæм? Нæ зæрдæйæн тырыса у, цы арты раз райгуырæм, уый. Цæуылнæ йæ хъахъ- хъæнæм? Цæмæн æй ныууадзæм æртхутæггæнгæ? Цæмæн атæхæм хъармдæр бынатмæ. Уый у царды нысан? Чи судздзæн арт нæ къонаты та?.. Хъæу кæны адджын тæф... Æрцæуы урсбоцъо тæнтъихæг лæг. Цыбыр куы- рæт. Ныггуыбыр. Цыма исты агуры. Лæдзæг æй тых- хæй уромы. — Цин уарай, Асæго! — мæхи йæм байстон. — Дæ диныстæн, кæй лæппу дæ?—цыма хурау- уон кæны, уыйау мæм йæ къухы бынты æрбакасти.— Цæстырухс мын нал и, мæ хур. Стъалыйау байрæз. Дзег дæн, зæгъыс. Цардæй бафсæд, цардæй. Асæгомæ йæ кæддæры цæрдæгдзинадæй ницыуал баззад. Цæстытæ цъæх нал сты. Æнтъыснæг æртху- тæг сыл æрбадти. Рихиты кæрæттæ схъæлæй лæу- уынц. Цыма кувæг лæг йæ къухтæ уæлæмæ систа. Асæго мын кæны хъæубæсты хабæрттæ. — Джино раздæрау кусы трахтырты бригады. Æх- сæз азы фæци Сыбыры. Бынтон мадзура сси. Иæ дзыхæй хъыпп-сыпп нал хауы. Айфыццаг, мæгуыр, дæлæ Хаджиты астаздзыд чызг амарди. Адæм ингæ- ны алыварс æрæмбырд сты. Кæуын кæмæ нæ цыд, 95
уыдон дæр цыдæр æнахуыр хъæр кодтой. Джино иу- нæгæй лæууыд æддиау. Зæххы йæ цæстытæ ныццав- та. Æваст æм хъарæг æрбайхъуыст. Уыцы сахат æм куы бакастаис. Дыууæ ставд цæссыджы æнæуынæ- рæй рахъардтой. Иннæрдæм азылди. Тымбыл къу- хæй асæрфта цæстытæ. Уымæй размæ йæ никуы фед- тон кæугæ. Цæмæн афтæ мадзура свæййы æфхæрд лæг? Бæрæг нæу, ацы фарст Асæго кæмæ дæтты, уый. Иæ хус цæстытæ зæххы ацыдысты. Хъуыды та зил- дух кæны сæры талынг къуымы. Дзуапагурæг. Мæнæн дæр мæ сæры магъз сфæйлыдта Асæгойы фарст. Иуæй-иутæ æфхæрды фæстæ ноджы фыддæр фæвæййынц. Раст лæг æмбисондæй фидардæр у. Арты нæ су- дзы, кард æй нæ кæрды, дон æй нæ ласы. Джино сыхбæсты сидзæргæс устытæн цы æххуыс- тæ фæкодта, уыдон та мæ цæстытыл ауадысты. Цал æмæ йыл цал æфхæрды ауади. Уæддæр нæзыхъæдау нæ аивта. Кæмæн хъæмпы уæрдон æрбаластаид, кæ- мæн йæ цæхæрадон бахуым кодтаид... — Гаги та нын цы фæци? — Ныронг хъæуыхицау уыди, ныр æй дæлæ хъом- ты хицау скодтой фермæйы. — Гъе, гъе, уæдæ ныр йæ бынат ссардта фоси- мæ. Асæго мынæг худт бакодта. Зæрæдтæ парахатæй худын нал фæзонынц. Æз æй афарстон Тъохæй. — Гагийы фырт? Ахæстоны. Кæм цы жулик æмæ æвзæргæнæг ис, уыдонимæ баиу горæты. Фыццаг дзидза уæйгæнæгæй куыста. Дæ разы стыр базары цур. Гъемæ йæхирдæм, æвæццæгæн, хæдзардзин уы- ди. Бонæй-бонмæ фыдызгъæлимæ уæй кодта йе 96
’фсарм. Цас фаг ын суыдаид, армыдзаг йедтæмæ ма у цæсгом? Гъе, фæлæ йын зынаргъ сыстади. Æхца сæм хæсты заманы сыстæй арæхдæр сси. Немыцаг мебыл, тиливизыр... Æмæ сæм цы нæ хæрæджыды- мæг ис! Ног агуыридурæй хæдзæрттæ... Кæсыс уæр- тæ, сæ быру фондз метры бæрзæндæн у. Сæ Тъох чи у, уый, дам-иу цавæрдæр хæлд сылгоймæгты уæлæ горæты сæрмæ аласта. Цы йæ хонынц? Райдайæнтæ æви Рæйæндæттæ. — Редант. — О, о. Гъемæ æфсарм уæйгонд куы фæци, уæд æй рацъипп ластой. Машинæ балхæнын ын нал бан- тысти, мæгуырæг... Сæ кæртмæ цъиубатæхæг дæр нæй, уазæг нæ, фæлæ... Уæвгæ сæтæлæгæн дæр хорз га- луан вæййы. Фæлæ иудадзыг йæ сæты бæгъдулæг кæны. Зыбыты иунæг... Раст загъта кæддæр Тъох. Ирон æвзаг Елхотæй дæлдæр нæ хъæуы. Тъох’та Елхотæй фæдæле. — Гъе, ахæм хабæрттæ. О, хæдæгай... Ламатти, мæ хур, йæ фыртæн æртыккаг хатт æрхаста ус. Ла- маттийы сæр дзы нæ бахъæуы. Иæхæдæг сæ æркæ- ны лæппу. Æртæ дæр ын бурдзалыгтæ уыдысты. Фæлæ йын фылдæр-фылдæр æртæ мæйваг кæнынц. Лæг ма физонæгæй дæр куы схъыг вæййы. О, уый дын дзырдтон. Раст чындзы уатмæ бахизæны гом дуары цур стыр айдæн ис. Диваныл бадгæйæ зыны æрбацæуæг. Фæстаг хатт сæм цы чындз уыди, уый иу изæр тиливизырмæ касти. Баккоса сæхимæ нæ уы- ди. Иуафон чындз айдæны ауыдта цыдæр æндæрг. Фæкасти, æмæ дын Ламатти уатырдæм къахфындз- тыл æрбацæуы. Тиливизырæй цы нæлгоймаг дзырдта, уый йæ дызæрдыджы бафтыдта. Æнхъæлдта, йæ чындзмæ йын чидæр æрбахъуызы.— Асæгойæн йæ 7 Ныббар мын, Дзерассæ 97
рихитæ фестъæлфыдысты, сонт пыррыкк ныккод- той.— Чындз æмæ æфсины цæстытæ кæрæдзиуыл хъаматы цъыккау андзæвыдысты. Къæйных чындз фæцарæхсти: «Кахфындзтыл кафыс, не ’фсин?»—Ла- матти, мæгуыр, йæхимидæг цыдæр бахъуыр-хъуыр кодта æмæ феддæдуар. Ныртæккæ дæр та уым ис. Баккосайæ зæгъын. Хъуамæ та дзы æрласа. Кæнæ йæхæдæг уым баззайдзæн. ...Изæрæй бадæм Асæготы кæрты. Зæронд лæг архайы хъисынимæ. Æрдын ауадзы фæндыры тæг- тыл, фæлæ уыдон æвæндон хъынцъым бакæнынц. Нæ цæуы зарæг. Нæ коммæ кæсынц хъистæ. Зæронд тыхсы. Фыдæнхъæл мæ куы фæкæна... — Уæртæ йæ рагъæнæй сывæллæттæ райсынц æмæ дзы дзæгъæл гиго-гиго байдайынц. Цал хатты сын æй байстон сæ къухтæй. Уæддæр та йæ ссарынц. Чызг, дæ разы ма сарайы тæрхæгыл канифор фен. Асæго бæласы чъиуы хуызæн цæмæйдæр байсæрс- та хъистæ. Ногæй сыл бандзæвыди æрдын. Бахъуыр- духæн та кодтой. Змæлынц лыстæг талатау. Фæндыр райгас. Цагъд йæ гаччы абадти. Ныхасы ихсыд ду- рау бады Асæго. Азтæ æмæ сагъæстæй ныллæгъз. Цыдæр лыстæг æндах йæ зæрдæйыл бандзæвыд æмæ цæхæр калы. Цавæрдæр нæртон кадæг. Цал æмæ цал хатты зарыди ацы фæндыр Асæгойы уæрджытыл. Цæстыты раз-иу сыстадысты Иры бæгъатыртæ. Ныр мын фæндыр мæ разы æвæры мæ сабибонтæ. Сæрæ- гас, ды уарзтай уæртæ уыцы дурыл бадын. Мæнæ ныцъцъæх. Кæд æнхъæлмæ кæсынæй фырмæстæй ныттыппыр. Цыртау джихæй кæсы. Ныр ам куы фе- стис, Сæрæгас. Æмæ уæд цы æниу? Кæддæры Сæрæ- гас нал ис. Ацыд æнæраздæхгæ фæндагыл. Уæртæ къаххиды бынты цы дон ацыд, уыйау. 98
Ды та цы фæдæ, тутагуыбын Тъох? Кæд та халæт- тæ æмæ дам-думты фæдыл æд дурæхсæн зилыс. Кæд- дæр Ламаттийы фæткъуымæ куы схызтыстæм? Куы нæ расырдта, уæд нартхæртты ’хсæн Астæудонмæ нæхи айстам. Æнхъæлдтам, уырдæм нæ фæдыл нæ фæцæудзæни Ламатти. Æз мæ фæткъуытæ нымайы- ныл схæцыдтæн. Ды та каурæбын дæ доны хуыпп калдтай. Ламатти нартхорæй уыцыиу гæпп ракодта. Сонт стъæлфтæй дæ хæлафы фадыг байдзаг,. Мæ фæткъуытæй ма роны мæнг муртæ аззад. Иннæтæ сæ хицауы амæттаг фесты. Цалдæр къахдзæфы акод- тон, афтæ мæ къах цыдæр фæлмæны аныгъуылди. Мæлæты æхсызгон ын уыди. Фæкастæн. Цалхы- дзаг хъуджы бæркъа асастон... Асæго цагъд фæци иу кадæг. Хуыдымы дур нып- пæрстæуыди. Мæ хъуыдытæ тымбыл уылæнтæй кæрæ- дзи сургæ фæйнæрдæм фæцыдысты. Кæрты тæккæ сæрмæ мæй ауыгъдæй лæууы. Иуæй-иу æвзæр нывты куыд вæййы, афтæ мæнг рухс кæны. — Фæндырæй цæгъдынмæ нæ фыдæлтæ уыдысты æмбиСонд. Мах ницы. Мæ фыды фыд æй дзырдта. Уæд ма хохы цардысты, Куырттаты комы. Дисса- джы рæсугъд чызг рахъомыл сæ сыхæгтæм. Усгур- тæ йæм къахихсыд баисты. Алы бон дæр сын сæ кæр- ты федтаис иукъорд саргъы бæхы. Иу бон та сæм уазджытæ уыди. Мæ фыды фыдмæ дæр фæдзырдтой. Усгуртæ иу фарасты бæрц уыдысты. Фысым сын хъисын фæндырæй ацагъта. Уазджытæй цæгъдын чи зыдта, уыдон дæр афæлвæрдтой. Фæстагмæ фæндыр бахауди иу зылындзаст лæппумæ. Уый йæ йæхирды- гонау сифтыгъта. Ахæм цагъд ныккодта æмæ адæм джихæй баззадысты; Уый уыдис уарзондзинады ка- дæг. «Дæ цæстытæ мæйдар æхсæвæй саудæр. Æз мæ 99
амонд агурæг фæдзæгъæл дæн уым. Рындзæй мæм фиййæутты артау фæзыны æмæ та ахуыссы. Фыдæ- боны рæсугъд! Зонын, дæу аккаг нæ дæн. Æз мæ- гуыр, сæмпæрчъи. Æрмæст мæ самондджын кæндзы- нæ дæ иунæг мидбылхудтæй»... Афтæ зарыди зылын- дзаст фæндырдзæгъдæг. Адæм æм æрыхъуыстой. Ха- тын æм райдыдтой. — Дыууадæстæнонæй ма ацæгъдин. Фысымтæ йын йæ фæндон сæххæст кодтой. Лæп- иу хатыр ракуырдта, æрчъитæ феппæрста æмæ йæ къæхтæ æхсыныл балæууыд. Адæм дисы аны- гъуылдысты. Уый фæстæ дыууадæстæнон райста. Армытъæпæнæй йæ æрсæрфта, цыма йын саргъы бæх уыд. Уæрагæй йыл æрæнцой кодта. Къахы æнгуылдзтæй йыл бандзæвыд æмæ фæндыр ныдздзы- нæзта. Иæ къухмæ райста хъисын. Аив хъæлæсæй базарыд. Уыцы сахат уымæ бакæсын стыр диссаг уыди. Къахæй-къухмæ фæндырдзагъд фестади. Фæн- дыры хъистæй йæ буары тугдадзинтæ тынгдæр æл- вæст уыдысты. Иæ алы нуарæй дæр хъуысти зарæг æмæ цагъды мыртæ. Æгас хъæубæстæ йыл сæ цæст æрæвæрдтой. Чызг æй куы федта, уæд ууыл ныл- лæууыд, æз æндæр никæмæй мой кæнын, зæгъгæ. Уый адыл сæ цард баиу кодтой. Рукъаг зылындзаст фæндырдзæгъдæг Томайты Созырыхъойы кой ай- хъуыст æгас Ирыл. Ахæм куывд, ахæм чындзæхсæв нæ уыди, уый йæ дыууæ фæндырæй кæм не ’рцагъ- таид. Иуахæмы йæм бацыди дзауыкоймаг, мæ фырт зарынмæ æмæ цæгъдынмæ зæрдæргъæвд у æмæ йын феххуыс кæн, зæгъгæ. — Нæ бахæлæг кæндзынæн цы зонын, уый. Гъе æрмæст, хуыцау бахизэед, фæлæ зиан æрцыди, зæгъ- 100
гæ, уæд фæндыр кæдмæ хъуамæ ма райса дæ лæппу? — Афæдзæй-афæдзмæ. — Уæдæ афæдзæй-афæдзмæ нæ, фæлæ æртæ бо- ны фæндыр йæ къухæй куы фæцух уа, уæддæр уы- мæй хорз цæгъдæг нæ рауайдзæн,— дзуапп радта Созырыхъо. Ш Ш Æнтъыснæг бон æмæ уæлмæрдтæ иухалдих сты. Буары цыдæриддæр цæрæццагæй вæййы — равдæлон æй кæнынц. Уæнгты цыма ныккæнды уымæл тæф ахъары — цæйдæр уæззау дзæмбытæ сыл æрæнца- йынц. Æнтъыснæг бон мæ марæг у. Æнтъыснæг бон мæ хæсдзысты уæлмæрдтæм. Дзерассæ æмæ мæ сабибонтæ! Сымах фенынмæ æрцыдтæн. Æз та уын агурын уæ ингæнтæ. Къуылдым байдзаг царды пырхæнтæй. Къуылдымæй мæм кæрæдзи сæрты кæсынц дурын цыртытæ. Чи бæласы аууонæй, чи та рагъмæ схызти. Иутæм сæ сыхæгтæй нæ зынын æмæ сæхи иуварс акъул кодтой. Ома, мæнæ стæм. Алкæуыл дæр сæ фыст. Дамгъæтæ барынц адæймаджы цæрæнбон. Фæнды сæ лæгдзинадыл дзурын, фæлæ... Дур лæ- джыхъæд барæн нæу. Лæджыхъæд кæмдæр базза- дис. Йæ фæлхæрдтæ та ам бынæй сты. Кæй хъæ- уынц уæртæ уыцы фыстытæ? Хъæр кæнынæй ныф- фæсус сты. Фæлæ сыл хъуына схæцыди. Рæстæджы фæндагыл фæцудыдтой. Тагъд ыл фæкæлдзысты. Алчидæр тырны бæрзонддæр схизынмæ. Мæрдтæ хуыссынц фæрсæй-фæрстæм, фæлæ кæрæдзи нæ зо- нынц. Царды дæр вæййы афтæ. 101
Хъæр кæнынц цыртытæ. Алчидæр сæ зыдæй йæ размæ æрбассывта сыджыт. Мæн фылдæр фæуа! Дзерассæйы ингæн у хæрзæфснайд. Хъæр нæ кæ- ны. Къуылдыммæ дæр не ’схызти. Алкæмæн йæ ин- гæн — йæ зæрдæйы уагмæ гæсгæ. Мардæн зæрдæйы уаг нæй. Ныллæг, цыппæрдигъон амад тулдзæй цырт къæвдаты уазал къæхты бын ссау, йæ уæлæ къран- дасæй цы фыст ис, уыйау. Фысты сæрмæ — цалдæр хахгонд дамгъæйы. Кæйдæр нæ уырныдта, кæнæ нæ фæндыди Дзерассæйы мард. Уæхсчытæ дудынц. Зæрдæйыл — уазал тæлытæ бачынди. Хуыдуг кæны, тарст æмæ фæлладæй чи æрхауы, ахæм маргъау. Лæджы цард—аргъау. Авдæны уæлхъус нын æй цавæрдæр урссæр Дзыцца фæдзуры. Мах хъусæм лæмбынæг. Диссаджы хабæрттæ. Аргъау цæуы. Кæм цин, кæм тас, кæм катай æппары зæрдæмæ. Хатгай азилы, Дзыццайы кæцырдæм бафæнда, уыцырдæм: аргъæуттæ авд-авды сты. Цæуы, цалынмæ æнахъом саби бафынæй уа, уæдмæ. Ау, аргъауæн йæ нысан æндæр ницы у? Æмæ уæд æнусæй-æнусмæ цæмæн цæуы? Стæй йын йæхи чи æрхъуыды кодта? Адæймаг. Æмæ дзы йæхи сайы. Йæ сæнтты тæхы стъалыйæ стъалымæ, доны с’æрты дурæй дурмæ гæпгæнæгау. Цæгъды йе ’знæгты. Цæ- мæй сабитæ фынæй кæной, уый тыххæй. О, фæлæ ныртæккæ адæм стъалытæм аргъæутты æфсургътыл нал тæхынц, фæлæ ракетæтыл. Дæлдзæх фæуæнт аргъæуттæ! Уæлахиз уæд цард! Æнтъыснæг бон æмæ уæлмæрдтæ мæ марæг сты... Дзерассæ! Æртæ уынджы æдде дзæнгæрæг цæгъ- ды. Скъоламæ байрæджы. Рабад. Цардæйдзаг цæсты- 102
тæ æнхъæлмæ кæсынц гом къалиутау. Ахæсс сын уалдзæджы дзаг зараг мæргътæ. Байдзаг уой къа- лиутæ. Дзерассæ, рабад. Цас дард сты æртæ уын- джы? Мæнæ дæ ингæны сæрмæ иугай кæрдæджы хæлт- тæ хилын байдыдтой. Ам сын кæд фæлмæндæр у, стæй парахатдæр. Бон æнтъыснæг у дæ цырты хуызæн. Фæлæ уæд- дæр ам хуыздæр у, ам рухсдæр у, ам хъармдæр у сыджытæй. Дæ фыстытæ дын адæм бакæсдзысты. Дæ фæ- дзæхст дын нæ сæххæст кодтон, Дзерассæ. Ныббар мын... Фыдæлты фарн мæрдтæм нæ цæуы... Уый у мæ царды нысан. Цæудзынæн æм. Цалынмæ мæ ас- тæумагъз нæ бахуыскъ уа!..
ЧИНЫДЖЫ ИС: Пролог 3 Авдæны зарæг 6 Цыдысты салдæттæ 10 Гагийы «автограф» 13 Дизиргир 17 Æргъæбст дамгъæтæ 18 «Аргъ 12 кап.». 23 Фыдбон, фыдлæг —авддæлдзæх! 25 Хæсты цалх атылди 32 «Æз кæм уыдтæн, уым ничи- уыди/> 37 Сымси 39 Судзинтæ, уасæнтæ, ахорæнтæ 44 Фæндаг æмæ зæрдæ 46 Тулы уæрдон бонрухсмæ 48 Цыхты ад 60 Нæ уарзын сывæрджын сылгоймæгты 62 «Аивад хъуаг ма сты» 66 Фыдæлты фарн мæрдтæм нæ цæуы 68 Туацъæйы комулæфт 71" Хъусыс, Дзег? 78 Уазæг хуыцауы уазæг 81 Эпилог 92
А. Кодзати ПРОСТИ МЕНЯ,ДЗЕРАССА Редактор Г. X. Б и ц о е в Художник Б. Г. Д з и о в Художественный редактор У. К. Кануков Технический редактор С. X. Гутиева Корректоры М. Б. Савкуева, Т. А. Кайтукова Сдано в набор 2-ХП-66 г. Подписано к печати 6-11-67 г. Формат бумаги 70х108'/з2. Условно- печ. листов 4,45. Учетно-изд. листов 4,02. Закаа №1214. Изд. № 93. Тираж 2500. ЕИ 00452. Цена 13 коп. Книжное- -издательство Управления по печати при Совете Министров СО АССР, г. Орджони- ’ кидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управления по печати при Совете Министров СО АССР, г. Орджони- кидзе, ул. Тельмана, 16. 7-3-3 '^9-67 М