Text
                    А. Н. ОСТРОВСКИЙ.
АРВЫ НÆРЫН
5-архайдон драмæ
Цæгат Ирыстоны АССР ы Птддзакадон Раутъдад
Дзæудж ыхъæу * 1949


А. Н. ОСТРОВСКИЙ ГР 03 А Драма в 5 действнях Перзвод на осетинский язык Доева Н. Государгтвенное Издателкство Севс-ри-Осетинской аССР Дзауджикау 4949
АРХАЙДЖЫТÆ 3 С а в е л П р о к о ф ь е в и ч Д и к 6 й, къупец, горæты зынгæ лæгтæй. Б о р и с Г р и г о р ь е в и ч, йе ’фсымæры фыртулæпиулæг, скъслаты дзæвгар чи бакаст, ахæм. Марфæ ИгнатьевнæКабанова (Кабанихæ), хъæздыг къу- пецы ус, идæдз. Т и х о н и в а н ы ч К а б а н о в, йæ фырт. Катеринæ, й** ус% В а р в а р æ. Тихоны хо. К у л и г и н, мещайнаг, хæдахуыр сахатгæнæг, агуры перпетуум- иобиле. Ваня Кудряш, лæппулæг,кусы Дикбйы къанторы. Ш а п к и н, мещайнаг. Ф е к л у ш æ, цæугæцардгæнæг ус, кувæнлæттыл зилæг. Г л а ш æ, æххуырст чызг Кабановайы хæлзары. Зæронд æхсин йæ дыу^æ лæкка^гæнæгимæ, 70 аздзыд, сæнт- дзæф. Гооæты цæртжытæй иукъорд, нæлгоймæгтæ æмæ сылгойчæгтæ. Ацы дрчмæ æрцыд^ гогæт Капиновы, Нолгæйы был, сæрдьпон. 3-аг архаидæй 4-æм архайды ’хсæн рацыди 10 боны. Борисæй фæстæмæ иннæтыл сеппæтыл лæр ис уырыссаг дарæстæ, 3
ФЫЦЦАГ АРХАЙД ÆХСÆНАДОН ЦÆХÆРАДОН ВОЛГÆЙЫ БÆРЗОНД БЫЛЫЛ. ВОЛГуЕЙЫ ФАЛЛАГФАРС ЗЫНЫ ХЪÆУ. СЦЕНÆЙЫ ИС ДЫУУÆ ДАРГЬ БАНДОНЫ ÆМÆ ЦАЛДÆР КЪУТÆРЫ. 1 ФÆЗЫНД К у я н г н н бады даргъ бандоныл æмæ кæсы доны фаллаг фарсмæ. К у д р я ш æмæ Ш а п к и н течгъо кæнынц. Кулигин (зары). „Дæлæ лæгъз быдыры астæу, рæ- сугъд гæмæх къуыппыл..." (Йæ зард фæуагъта). Диссæгтæ, æвæдза, æрдхæрæны диссæгтæ! Дæумæ дзурын, Кудряш! Дæс æмæ дыууиссæдз азы кæсын, мæ лымæн, ардыгæй Волгæйы фаллаг фарсмæ алы бон дæр æмæ йæм уæддæр кæсынæй не ’фсæдын. К у д р 51 иь Ома? Кулигин. Рæсугъд ран у, иттæгрæсугъд! Зæрдæ дзы барухс вæййы. Кудряш. Куыннæ стйей! Кулигин. Æмбисонды рæсугъд! Ды та „куыннæ стæй!4 зæгъгæ, зæгъыс. Сахуыр ыл стут, кæнæ та, бæстыл цы бирæ рæсугъддзинæдтæ ис, уыдон æмбарынхъом не стут. Кудряш. Махæн демæ зын дзурæи у! Ды нын зонды дзæкъул дæ, химик. Кулигин. Механик, хæлахуырæй механик. Кудряш. Уый уæлдай нæу. Нмцы дзурынц. К у л и г и н (йæ къукæй аяоны иуфарсырдæм). Акæс-ма, Кудряш, уæртæ уым йæ къухтæ уыцы тылд чи кæны? 4 .
’Кудряш. Уæртæ уый? Уый та Дикбй йе’фсымæры лæппуйæн алывыд калы. /’Кулигин. Хорз ран ссардта! Кудряш. Уымæн алы ран дæр хорз. Тæрсгæ/дын кæны искæмæй? Борис Григорьич йæ амæттаг фæци, æмæ йыл алæбон йæ иырх калы. Шапкин. Мæнмæ хæрам чи у, уый дын Савел Про- кофьичы ахæсты фæуæд!]^Адæймаджы хуыцауы ницæуыл бафхæры. Кудряш. Фыд лæг у. Шапкин. Æниу Кабановты Марфæйæ цы зæгъыс. К у д р я ш. Уый ма уæддæр, гъа, йæ митæ дины ’гъдæуттæй æмбæрзы, фæлæ Савел хъæхъаг куыдзæй уæлдай нæу! Ш а п к и н, Лæджы хуызæн лæг ыл нæма сæмбæлди, æмæ хынджылæг скъæры. К у д р я ш. Ме’мхаст чи акæна, ахæм лæппутæ иæм бирæ нæн, уый йеттæмæ йын мах йæ фыдуаг митæ иыууа- дзын кæниккам. Ш а п к и н. Цы йын бакæниккат? . К у д р я ш. Бавзыстытæ йæм кæниккам дзæбæх. Шац к и н. Куыд ома? Кудряш. Му цыппар — фондз лæппуйæ нскуы иу фæс- фæд уынджы аныхас кæниккам йемæ, æмæ уæд зæлдагау фæлмæн фестид. Цы йыл æрцыд, уый никæмæн ской кæнид, йæ аууонæй дæр тæрсын байдаид. Шапкии. /Салдатты службæмæ дæ дзæгъæл-хуымæтæ- джы нæ исын кодта. , Кудряш. Кодта, фæлæ йын нæ рауад, йæ хъуыддаг фæсыкк и. Уый мæнæн ахæм мн никуы бакæндзæн: æмбары йæ, æз мæ сæр аслам нæ ауæй кæндзыиæн. Сымах дзы тæрсгæ кæнут, фæлæ æз зонын, йемæ куыд дзурын хъæуы, уый. , ■ Шапкин, Куыннæ> стæй! Кудряш. Нæ дæ уыриы? Уæдæ мæ цæуылнæ атæры, æз кæрздзырд адæймаг куы дæн, уæд? Хъæуын æй, æмæ , 5
уымæн. Гъе ’мæ дзы уаед æз нæ тæрсын, йæхæдæг мæ тæрсæд. Ш а п к и н. Цыма дæм никуы фæхæцы, уый ныхæстæ кæныс. К у д р я ш. Хæцгæ та куыннæ! Æнæ загъдæй уый цæ- рын дæр нæ базондзæн, фæлæ йæм æз дæр афтæ кæм хъу- сын:. уый мын иу ныхас, æз та йын дæс ахæмы. Æмæ йæ бон куы ницы уал вæййы, уæд нытту кæны æмæ ацæуы. Нæ, æз ахæмтæй нæ дæн, йæ къæхтæм ын чи ’ркува! К у л и г и н. Иу — куыдз, иннæ — куыдз, уымæй цард нæй. Фæлтау — ныббарын хуыздæр. Кудряш. Гъе ’мæ кæд ды ахæм зондджын дæ, уæд уал раздæр уый сахуыр кæн уæздандзинадыл, стæй та-иу махæн амон. Йæ амонд у, æмæ йæ чызджытæ чысылтæ сты, иу дæр дзы хъомыл нæма у. Ш а п к и н. На уæд цы уыдаид? К у д р я ш. Æз ын æгъдау раттаин. Чызджытимæ æз æгæр дæсны дæн! Д и к б й æмæ Б о р и с сæ цурты фæцæуынц. К у л и г н н сын йæ 1уд систа. Ш а п к н н (Кудряшмæ). Чысыл иуфарс ацæуæм, кæн- нод ныл, мпйаг, ныйичъи уыдзæн. Ацыдысты. И ФÆЗЫНД Г’ье зыдсп, стасй Дикой æмæ Борис. Дикой. Ардæм ралли-балли кæнынмæ æрцыдтæ æви? Æввонгхор! Бынбауипаг! Б о р и с. Бæрæгбон у; цы кусон нæхимæ! Д и к 6 й. Куы дæ фæндид, уæд ссарис куыст. Загътон дын иу хатт, загътон дын дыккаг хатт: „мæ цæст дæ куыд нæ уына, афтæ"; уæддæр дæм иæ хъары! Æндæр кæдæм ацæуай, уый дын нæ вæййы? Кæдæмдæриддæр фездæхон— • мæ размæ’фегуырыс! Пуй, налат! Цы ныхъен дæ ныр цæ- джындзау, и! Кæмæ дзурын æз? 6
Б о р и с. Хъусын дæ, фæлæ мын цы кæнын кæныс! Д и к 6 н (Борисмæ бакæсгæйæ). Дæлдзæх фæу! Мæ <жрæн нал дæн демæ дзурынæй, æдзæсгом! (Фæцæуы.) Куы нæуал дзы фæразын! (Нытту котда ссмсе ацыди.) III ФÆЗЫНД К у л и г и п, Б о р и с, К у д р л ш æмæ Ш а п к и н. К у л и г и н. Дæ хорзæхæй, Борис Григорьич, уыцы лæгимæ дын цавæр хъуыддæгтæ ис? Дисæй дыл мæлæм. Алы бон уый загъдмæ хъусын куыд фæразыс, куыд цæрыс уый хæдзары? Б о р и с. Барвæндонæй бæргæ нæ фæцæрин, Кулигин! Æнæбары бон мыл и. К у л и г и н. Аипп ма уæд бафæрсын, фæлæ дæ цы хъуыддаг къуылымпы кæны? Кæд гæнæн ис, уæд нын æй зæгъ, Борис Григогьич. Б о р и с. Цæуылнæ йын ис зæгъæнГНæ фыды мады нын зыдтат, Анфисæ Михайловнæйы? К у л и г и н. Куыннæ йæ зыдтам! К у д р я ш. Куыннæ, зыдтам æй! Б о р и с. Мæ фыд уæздан мыккаджы чызг кæй ракуырдта, уый тыххæй йæм сфыдæх ис. Æмæ уымæ гæсгæ мæ мад æмæ мæ фыд вдрдысты Мæскуыйы — мæ мад æртæ боны дæр нæ бафæрæзта уыцы бинонты ’хсæн цæрын, нæ сыл ахуыр кодта. Кулигин. Кæцæй сыл сахуыр уыдаид! Æнцон хъуыд- даг иæу уый! Борис. Мах схъомыл стæм Мæскуыйы, хорз фадæтты, нæ мад æмæ нæ фыд æхцайыл иæ а>æрстой мах сахуыр кæныны тыххæй. Мæн радтой Коммерцион академимæ, мæ хопы та пансионмæ, стæй уæд сæ дыууæ дæр æвиппайды амардысты халерæй, æз æмæ мæ хо сидзæрæй баззадыстæм. Уалынмæ нæм фехъуысти, нæ фыды мад та ам амарди, зæгъ- рæ. Йæ мулчы тыххæй уып иыууагъта ахæм уынаффæ: нæ азтæ куы сæххæс’т уой, уæд нын нæ фыды æфсымæр 7
нæ хай куыд радта, афтæ; æрмæст. ма уыцы гæххæтть* иу ныха’с ис, æмæ йæ замана уый у. Кулигин. Цавæр ныхас? Борис. Ахæм, æмæ кæд нæ фыды ’фсымæрæн, куыд æмбæлы, ахæм кад кæнæм, уæд нæ хай нæхи, кæннод—ницы. Кулигин. Уæдæ, Борис Григорьич, уæ бирæ бынтæй никуы ницы фендзыстут. Б о р и с. /Емæ каид уый дæр ма куы уаид, Кулигин, фæлæ бæллæх циу, уый зоныс? Фыццаг хорз фæхъаздзæн махæй, фæхыиджылæг нæ кæндзæн, цас æй фæнда, уыйас, стæй уæ,д; ,„нагъ"-ыл ныллæудзæн, кæнæ та нын раттдзæн æрмæст иу, гыццыл исты, куыдзæн стæг аппарæгау. Адæмæн та афтæ дзурдзæн, тæригъæд сын кодтон æмæ сын уымæн радтон, уый йеттæмæ сыи уый дæр не’мбæлди,, зæгъгæ. К у л и г и н. Амы къупецтæн се’гъдау афтæ у. Æниу ын стыр кад куы кæнат æмæ уæддæр афтæ куы зæгъа, ни- цæмæ мæ дарынц, зæгъгæ,1 уæд æи чи багæдыкæндзæн? Борис. Ныридæгæн дæр даттгай ,афтæ фæдзуры: „Мæ- хицæн дæр зæнæг ис, цæмæн хъуамæ раттой æхца искæ- мæн, мæхиоиты цæмæн бафхæрон!" ’ Кудряш, Уæдæ дæ хъуыддаг, хорз нæу, Борис Гри- горьич. Борис, Иуиæг ма куы уаин, уæд бæргæ! Мæ къух сьгл пуигъин æмæ ацæуип. Фæлæ мæ хойæн тæригъæд кæнын. Ардæм æй цæуын кодта уый дæр, фæлæ йæ мæ мады цæ- гат’нæ рауагътой, нæфæразгæ у, зæгъгæ, йæм ныффыстой. Æниу цы цард федтаид ам? Кудряш. Кæй зæгъын æй хъæуы. Адæймаг сæм ны- мады у, ома? куыннæ стæй. К у л и г и н. Æмæ, йæм уæд куыд цæрыс, куыд, цы хуызы? Борис.Æмæ гъа; иу бæрæг дæр мын нæй: ямæ хæдза- ры, дам, цæр, цы дын-иу зæгьон, уый кæи, цы дын фидон, уый та мæхи хъуыддаг уа. Хъуамæ мæ иу афæдзы фæстæ Схнцæн кæндзæн, куыд æй фæнда, афтæ. Кудряш. Уымæи йе’гъдау афтæ у: мызды тыххæй йын мачи мацы ской кгенæд — куыйты хаёринаг æй бакæндзæн! >
..Мæиæн мæхимæ, зæгъы, цы фæнд ис, уын ды дæмæй зоныс? Кæд иу бон бавдæлдзынæн æмæ дын фоидз мины æрнымайдзынæн, уæд та?* Марадз æмæ уыимæ дзур! Уæв- гæ та йæм ахæм фæнд иухатт дæр нæма ’рцыди йæ цæргæ цæрæнбонты. Кулигин. Цы гæнæн ис, Борис Григорьич! Р1æ зæрдæ йын æлхæнын хъæуы исты амæлттæй. Борис. Йæ замана уый у, уый, Кулигин! Æз нæ, фæ- лæ йын йæхи бинонтæ дæр ницы амал арынц йæ зæрдæ балхаенынæи. Кудряш. Æмæ йын куыд балхæдæуа йæ зæрдæ, йæ цард иууылдæр загъдыл арæзт куы у, уæд? Фылдæр ~хатт æхцайы фæдыл, Никуы никæмæн бафыста йæ фæллой æнæ загъдæй. Иуæй-иутæ се’хца ныууадзыныл дæр разы вæй- йынц, уыимæ дзурыпы бæсты. Стыр бæллæх вæййы, исчи пæ райсомæй куы смæсты кæны, уæд: сау бон изæрмæ нал баицайы йæ загъдæй. Борис. Йæ ус алы райсом лæгъстæ кæнып байдайы неппæтæн, уæ хорзæхæй, мачи йæ смæсты кæпæд, зæгъгæ. Кудрящ. Æмæ уымæй йæхи чи бахъахъæндзæн!Æвæ- дза, базармæ бафтыдпс, уæд музуккæн алывыд æнæфæкал- гæ нæ фæвæййы. Сæ базайрæгтæ цы фæнды асламæй куы уæй кæной, уæддæр семæ загъд сисы. Æмæ йын уæд суанг нзæрмæ дæр банцайæн нал ис. Ш’апкнн. Иу дзырдæй, хæцаг гал у, хæдаг гал! Кудряш. Æмæ куыд хæцаг гал! Борнс. Фæлæ хæрз замана та уæд вæйиы, æмæ исты хъыг ныхас, загъд кæнын кæнмæ нæ уæнды, ахæй лæгæй, куы фехъусы: уæд биноптæн се ссæдз скæнын кæны! Кудряш. Стыр худæг уыднс, иу хатт æй, браиыл цæу- гæйæ, иу афидер куы бафхæрдта, уæд. Цæхæртæ калдта, цæхæртæ, Бор’ис. Мæгуыр —йæ ’хæдзары бшюнтæ! Уый фæстæ æиæхъæн дыууæ къуырийы къæбидты ’мæ царты рамбæхс- Памбæхс фæкодтой. 9
Кулигин. Уартæ уыдон та чи уой? Сæрæй, адæм ра- хæлиу сты аргъуанæй. Сценæйы рæбынозты фæцæуынц цалдæр адæймаджы. К у д ря ш. Цом, Шапкин, адæм кæм сты, уырдæм! Ам цы лæууæм? Сæ сæртæй акуывтой æмæ ацыдысты. Борис Эх, Кулигин, æз ам куыд зынæй цæрын, уый куы зонис! Топпы кæсæнæй мæм кæсынц амы адæм, цыма æз ам уæлдай дæн, цыма сæ хъыгдаргæ кæнын, уый хуы- зæн. Æз амы æгъдæуттæ нæ зонын. Нæхи уырыссаг æгъ- дæуттæ кæй сты, уый æмбаргæ кæнын, фæлæ сыл уæддæр нæ ахуыр кæнын. Кулигин. Стæй сыл никуы дæр сахуыр уыдзынæ. Борис. Цæуылнæ? Кулигин. Фыд адæм цæрынц, Борис Григорьич, мах го- рæты, фыд адæм. Мещанты æхсæн, Борис Григорьич, тыз- мæг ныхас æмæ мæгуырдзинадæй дарддæр ницы фендзынæ. Æмæ уыцы уавæрæй фервæзын махæн нæ бон никуы ба- уыдзæн. Уый тыххæй, æмæ раст к>ыстæй ам гуыбыны дза- джы йеттæмæ ничи ницы бакусдзæни. Хъæздыг чи у, уый та мæгуыры хурхыл хæцы æмæ афтæмæй ноджы хъæздыг- дæр кæны. Зоныс, дæ фыды ’фсымæр Савел Прокофьич иу- хатт горæты хицауæн куыд загъта, уый? Горæты хицаумæ музук-к хъæстмæ бацыдысты, иунæг адæймагæн дæр йæ мызд æгъдауыл иæ фиды, зæгъгæ. Горæты хицау ын ны- хæстæ кæны: „Хъус-ма, Савел Прокофьич, музуккæн се ’хца, куыд æмбæлы, афтæ фид! Алы бон дæр мæм дæуыл хъаст кæнынмæ цæуынц!" Уæд дæ фыды ’фсымæр горæты хицауæн йе уæхск æрхоста æмæ йын афтæ зæгъы: „Ахæм иицæййаг хъуыддæгтыл та, дæ бæрзонлдзинад, æз æмæ ды цы ныхас кæнæм! Ахъуыды-ма кæ дæхæдæг, цал æмæ цал лæджы мæм бакусы алы аз дæр, æмæ æз уыдонæй фæйнæ ^апеччы куы бауромон, уæд сын уый бирæ зиан нæу, мæн- 10
мæ та афтæмæйты минтæ æмбырд кæны, æмæ уый мæнæн хорз у!\ Афтæ гъе, Борис Григорьич! Уæд сæхи мидæг та куыд цæрынц! Кæрæдзийæн зиан ракæиыпыл нæ ауæрдынц, )ма мæнæп мæхицæн пай ит уа, зæгъгæ, уый тыххæй нæ, Ьæлæ тынгдæр, кæрæдзимæ хæлæг кæй кæнынц, уый охыл. 1>ыдгулы цæстæй кæсынц сæ кæрæдзимæ. Сæ бæрзонд га- луантæм æрбасайынц расыггæнаг приказнæйты, адæймаджы хуызæн дæр чи нал у, цæсгом кæмæн нал и, ахæмты, æмæ сын уыдон аслам аргъыл фыссынц судмæ курдиаттæ, алы хахуырдзинæдтæ, æмæ кæрон нал вæййы сæ рахъаст-ба- хъастæн. Ам сæ хъуыддаг куы нæ ахицæн вæййы, уæд ацæ- уынц губернимæ, æмæсæмуым та ,цинæй мæлгæ, æнхъæлмæ кæсынц. Хъуыддаг атъанг вæййы, абон-райсом сын кæнынц, æмгъуыдтæ-йеттæ. Фæлæ сын уый хъуыды дæр нæу, фæс- мон сæм нæ хъары.Æхцатæ калынц —нал сыл фæауæрдынц. Ома, „æз бахæрдзтæ кæндзынæн, фæлæ уымæн дæр рог- дæрæй нæ ауайдзæн". Уыдæттæ æз æмдзæвгæтæй равди- сынмæ дæр рахъавын, фæлæ... Борис. Æмæ зоныс æмдзæвгæтæй фыссын? Кулигнн. Рагон зарджытæм гæсгæ, Борис Григорьич. Æз дæр цыдæртæ бакастæн чингуыты: Ломоносовы фыс- тытæ, Державииы фыстытæ... Зондджын лæг уыди уыцы Ломоносов, æрдзы фæлварæг... Кæд мах хуызæн хуымæ- тæджы адæмæй уылис, уæддæр. Борис. Æмæ цæуылнæ ныффыссыс? Уый хорз уаид. Кулигин, Нæ, хуыцау бахизæд. Бахæрдзысты мæ, удæгасæй мæ мæрдтæм барвитдзысты. Мæиыл æнæуый дæр хаттгай æфхæрд ауайы мæ дзыхы тыххæй; фæлæ уæддæр мæхи нæ уромын, аныхас кæнын уарзын! Искуы ма дын радзурдзынæн, ацы бæстыл адæм сæ бинонтимæ куыдтæ цæрынц, уый: цæмæ байхъуыстæуа, ахæм хабæрттæ дзы бирæ ис. Феклушаз иу у с н м æ æрбацæуы, ныхæстæ гæигæ. Ф е к л у ш æ. Зæрдæ рухс кæпы, мæ хур акæнай, зæр- Д^! Алæмæты бæстæ! Зæгъæя дæр ын нæй, уый бахъуыды 11
кæн! Дзæнæты цæрут сымах. Къупецтæ дæр иууылдæр уы- цы хуызæн—дингæнæг адæм, хорз миногджын адæм, таучед, лæвæрттæ гæнаг! Æз сæ бузныг дæн, иттæг бузныг, мæ ма- ды хай, зæгъын цас нæ фæразын, уыйас! Мæ хуызæн мæ- гуырты кæй рæвдауынц, уый тыххæй сын хуыцау раттдзæк дывалыгæй, уæлдайдæр та Кабановты хæдзарæн. Ацыдысты. Борис. Кабановты хæдзарæн? К у л и г и н. Гæды^ гацца! Мæгуыргуртæн хорз, фæлæ йæ-1 хи бинонты бахордта, бахсыдта. Нпцыуал дзурынц. . Æрма^ст ма пернету-мобиль куы ссарнн, æидæр иицæмæ бæллын! Борнс. Уæд цыбакæнис? К у л и г и н. Цы бакæнин/ зæгъыс? Англис мын мил’уан дæт- тынц, милуан; æмæ æз уыцы’хца иууылдæр адæмыл схардз кæнин, феххуыс сып кæнин. Мещантæн куыст раттьш хъæуы. Кæннод къухтæ ис, фæлæ куыст нæй. Борис. Æмæ дæ зæрдæ дарыс перпетуум-мобиле сса- рыныл? К у л и г и н. Æнæмæкг, Борис Григорьич! Гъе, æрмæст уал мæ ныриу чысыл æхца хъæуы йæ нывтæ с’кæнмнæн. Цæй, хæрзизæр уал, Борис Григорьич! {Ацыдц.) IV ФÆЗЫНД • ’Б орис {иунæгæа). Куыд ын загъдæуа, дз’æгъæлы фы- дæбон кæныс, зæгъгæ. Тæригъæд ын кæнын. Фæлæ цы хорз адæймаг у! Мæгуырызæрдæ — фынтæй дзæбæх. /Езта, æвæц- цæгæп, сæфгæ фæкæндзынæн ацы æнамонд ран. Мæхæдæг мæнæ мардæй уæлдай нæ дæн, афтæмæй ма мæ зæрдæ уарзонд!зинад агуры. Цыма уыдæттыл дæн! Æмæ ма чызг дæр куы уаид, фæлæ моймæдзыд ус, иу хатт аныхас кæнæи | дæр кæ’имæ нæй. [Æдзæмæй алæууыд.) Цы пæ.кæнын’ мæ- 12
хнцæн, уæддæр æдзух мæ цæстытыл уайы. Уæртæтаи!Йæ лæджимæ рацæуы, йе’фсин дæр семæ! Кæм нс, цымæ, мæ хуызæн æрра! Марадз, мæнæй уый, аивæй та йæм бакæс æмæ цæугæ дæ хæдзармæ! (Ацыди.) И»»æрдыгæй æрбацæуьшц: К а б а н о в а, К а б а п о в, Катерипæ æмæ В а р в а р æ. V ФÆЗЫНД К а б а н о в а, К а 6 а и о в, Кате рнн æ æмæ В а р в а р æ. Кабаиова. Кæд дæ мады коммæ кæсыс, уæд куыддæр уырдæм бацæуай, афтæ-иу, æз дын куыд загътон, афтæ ба- кæн. Кабанов. Æмæ æз та дæ’ коммæ кæд нæ бакастæн, нана! < ; ; ■ Кабанова. Ныры адæм хисдæртæн аргъ нал кæнынц. Варварæ (сабыргаи йæхицæн), Уæдæ, уæдæ, дæуæн аргъ ма скæн! , К а б а н о в. Æз, цыма, нана, де’вастæй иу къахдзæф дæр пикуы акæнын... \ , Ва рва р æ. Баууæндин дыл, мæ хæлзар, баууæыдин, ныры адæм сæ ныййарджытæн ц*с кад кæнынц, >ый мæхи цæс- тæй куы нæ ’уынин, мæхи хъ>стæй йæ куы нæ хъусин, уæд! Мады фыдæбон уæддæр куы ,нæ рох кæниккатГ , , Каба н ов. Æз, нана... Кабанова. Мд уæм хаттæйхатт иу масты ныхас куы скæна, уæддæр, мæнмæ гæсгæ, ницы диссаг у бабыхсын. Раст нæ зæгъын, и? Кабанов. Æмæ кæд нæ бабыхсыдтæн, кæд, нана? Кабанова. Мад зæронд у, æдылы; сымах та ног адæм, зордджын, æмæ ныи’ х'\ уам е барат не’дылы митæ. Кабанов (ныуулæ^ьйи. Иуфарсырдæч). Уæ, ме скæ- »æг хуыцяу! (Йæ мадмæ.) Мæнæн мæ фæсонæрхæджы дæр кУы кикуы уыди, нана .; 13
Кабанова. Уарзгæйæ уæ фефхæрæм, уарзгæйæ фæ’ загъд кæнæм уемæ, уæ хорздзинад нæ фæнды, æмæ уымæн Фæлæ сым1Х та тæргæйттыл ахæцут. Ныры адæмы хъуыд даг афтæ у, мадæй хъаст кæныи сисынц, хъуырхъуыргæнаг дам, у, рæстæй нæ æфхæры, нæ цард нын сæнад кодта зæгьгæ. Ныры чындзытæм та æппындæр сдзырд нæй: уæ, адæмыл айхъуысын кæндзысты, æфсин йæ чындзы быитон- дæр бахордта, зæгъгæ. Кабанов. Æмæ дæуæй, нана, куы ничи дзуры афтæ Кабаиова. Нæ фехъуыстон, мæ бон, нæма фехъуыс тон, 1æды ныхас нæ зæгъдзынæн. Куы ’рыхъуыстаин исты уæд, мæ хур, æндæр ныхæстæ кæнин демæ: (Ныуулафыд. Хуыцау, бахатыр мын кæн! Адæймаджы гыццыл йеттæм, нæ хъæуы тæригъæдджын фæуынмæ! К\ыддæр зæрдиагны, хас райдайай, афтæ æнæ смæсты хос нал вæййы; мæсты кæнын та тæригъæд хъуыддаг у. Фæлтау дзур, мæ бон, ’мæ- нæй, цы дæ фæнды, уый. Искæй дзыхыл ныххæцæн нæй: дæ цуры куы нæ ба>æндой, уæд та дæ фæсаууонмæ дзур- дзысты. Кабанов. Ме ’взаг ахауæд, кæд æз искуы... Кабанова, Ныууадз, ныууадз, ма сомытæ кæн! Сомы кæнын тæригъæд у! Æз æй рагæй уынын, дæ ус дын дæ мадæй адджындæр у. Ус куы ’рхастай, уæдæй фæстæмæ мæ фыццаджы хуызæн нат уарзыс. Кабанов. Æмæ кæд равдыстон æз, нана, ахæмзæрдæ? Кабанова Уый бæрæг у, мæ хур, бæрæг! Мад йæхæ- дæг йæхи цæстæй куы нæ фена, уæддæр йæ зæрдæ зонаг у, бамбары йæ. Дæ усы аххос у, æви æндæр искæй аххос у, нæ зонын. Кабанов. Цæмæн афгæ зæгъыс, нана! Куы ницы нæм ис ахæмæй! Катеринæ. Мæнæн, нана, дæуæй мæхи мадæй хъау- джыдæр цæй. Стæй дæ Тихон дæр тынг уарзы. Кабанова. Ды уал дæ дзыхыл фæхæц, фæрсæг да^ нæй. æмæ. Йæ сæрыл цыдзурысРМа тæрс. нæ йæ бафхæр^ дзынæн! Мæнæн дæр, æнхъæл дæн, фырт бавæййы. Цы ра- 14
гæпп ластай? Ома, дæ лæджы цас уарзыс, уый феной, зæгъгæ, уый тыххæй? Зонæм æй, зонæм, адæмы цæстмæ афтæ фæ- кæныс. В а р в а р æ (йæхацæн). Ссардта бынат зондамонæн иыхæстæн. К а т е р и н æ. Дзæгъæлы мæ æфхæрыс, нана. Фæнды адæмы раз уæд, фæнды æнæ адæмæй, æз æдзухдæр иухы- зон вæййын, дæ зæрдæ мыл цæмæй фæхудти, нæ зонын. Кабанова Æмæ æз дæ кой кæнынмæ дæр куы нæ хъавыдтæн; афтæ æрмæст ныхасы фæдæ. К а т е р и н æ. Æмæ ныхасы дæр фод, уæддæр мæ цæуыл æфхæрыс рæстæй? Кабанова. Мæлæты хабедзен! Фæхъыг ын ис уай- тагъд. Катеринæ. Æнæ аххосæй аххосджын хорз кæмæ фæкæсдзæн! К а б а н о в а. Зонын æй, зонын, мæ ныхæстæ уæм хорз нæ кæсынц, фæлæ гæнæн иæй, æз дæр уын исчи нæ дæн, æмæ уыл мæ зæрдæ рисгæ кæны. Рагæй йæ уыйын, уæ бар уæхи куы уаид, уый уæ фæнды. Æмæ цы кæны, ^ый дæр баййафдзьктут, уæхи куыд фæнда, афтæ дæр ацæр- дзыстут, æз куы нал уон, уæд. Гъе уæд уæ бар уæхи, хис- дæр уын ыал уыдзæн. Фæлæ кæд мæн дæр, мийаг, искуы æрæмысиккат. К а б а н о в. Мах, нана, æхсæвæй-бонæй дæ цæрæнбоны тыххæй куы кувæм хуыцаумæ,'де'нæниздзинадмæ куы бæл- лæм... К а б ан о в а. Ныууадз, стæ, дæ хорзæхæй. Ус дын куы нæма уыдис, уæд ма. чи зоны, уагзтай дæ мады Фæлæ ма дæ ныр мæнмæ ’вдæлы? Уæртæ дæ цуры дæ уарзон ус. К а б а н о в. Æмæ мæ чи нæ уадзы уæ дыууæйы дæр уарзын^ Мадæн мады уарзт, усæн та усы. Кабанова. Уæдæ, уæдæ! Ферох мын кæндзынæ дæ усы, мады раз! Никæдхæр мæ бауырндзæн уый. Кабанов. Рох та цæмæн? Æз уарзын уæ дыууæйы Дæр. 15
1 'К.а/бан ова. О, о, истытæ дæ дзурыи хъæуы! Æз æй уыный/-, хъыг уæ кæй дарын, уый. Кабанов. Куыд дæ фæнды, афтæ, мæнæн мæ бон ни- цъг;у; æрмæст нæ зонын, цæмæн афтæ æнамонд’ фæдæн: :Дыдæриддæр бакæнон—дæ зæрдæмæ нæ цæуы. '■'', Кабанова. Ныр дæ лукъа цы ’руагътай? Цы тъизыс? Цæй лæг ис дæуæй, цæй лæг, и? Æркæс-ма лыстæг дæ- химæ! Афтæмæй дæ дæ усдæр куыд тæрса? Кабанов. Æмæ мæ хъуамæ цæмæн тæрса? Уарзгæ мæ кæй кæны, уый дæр мын æгъгъæд. К а б а н о в а Ау, куыд „цæмæн тæрса"? „Цæмæн тæр- са* та цы хоныс? Æрра сдæ æви? Дæуæй куы иæ тæрса, уæд мæнæй та æппындæр нал тæрсдзæн. Æмæ уæд нæ хæ- дзары кæцон æгъдау уыдзæн? Дæ аргъуыд ус куы у. Æви дæм аргъуыд ницы кæсы? Кæд уæвгæ дæ сæры ахæм æнæ- зонд хъуыдытæ ис, уæдсæуæд та дæ усы цуркуы нæ дзу- рйс, стæй дæ разы дæ хойы цурдæр: уый нырма чызг у, фаёлæ искæд бон моймæ цæудзæн: æмæ дæ ныхæстæм куы фæхъуса, уæд нын йæ лæг арфæтæ куыннæ’ кæндзæн. .Уыныс, нырма дæ зонд хæрз ьыбы^, афтæмæй та уæгъди- барæй, хицæнæй цæрынмæ хъавыс. К а б а но в. Æмæ æз. нана, куы ницы загътон хицæнæй цæрыны тыххæй. Æз уымæ мæ ньфс дæр нæ хæссын. Кабанова Уæдæ, дæумæ гæсгæ, усимæ æдзухдæр фæлмæн ныхас хъæуы? Схъæртæ кæнæн дæр ыл нал ис, бартхъирæн кæнæн дæр æм нæй, и? Каба н ов. Омæ, æз, нана... Кабанова {хъæрæй^ мæсты кæнгæйæ). Хæзгул куы скæна, уæддæр? И? Уый дæр ницы кæны дæуырдыгонау? И? Зæгъ-ма, цæй! Кабанов. Мæ хуыцауыстæн, нана... К аб а и ова (Сынюн саб рай). Сæрхъæн! (Иыуулæфыд.) Æмæ сæрхъæтимæ тл дзурын дæр не’мбæлы. Адæймаг ма дзæгъæлэ! смæсты уыдзæн æмæ йæхи фæтæригъæдджын кæндзæн! Ннцы дзурыл’ц. 16
Цæй, æз цæуын хъæмæ. Кабано в. Мах дæр ныртæккæ фæцæуæм, æрмæст ма булварыл иу дыууæ цыды акæнæм. Кабаиова. Бар уæхи, æрмæст хъусыс, æнхъæлмæ уæм куыд пæ кæсон, афтæ! Æз уый нæ уарзын, куы мæ зоныс. ’ , Кабано в, Нæ, нæ, хуыцау бахизæд! Кабанова. Гъе уæдæ афтæ! (Ацыди.) VI ФÆЗЫНД Гъе уыдон та æнæ К а б а ц о в а й æ. Ка банов. Уыиыс гъе’ныр, æдзух дæр мыл дæутых- хæй æфхæрд уайы нанайæ! Цæй æнамонд фæдæн! Кат ёринæ. Æмæ дзы мæ аххосæй та цы ис? Кабанов. Уæдæ ма кæй’ аххос.у, нæ зонын. Ва р в а рæ. 'Ды та цы зоныс! К а б а и р в. Баййардта мæ-ну: „ус ракур, ус ракур, ус- джынæй дæ-уынгæ уæддæр фæкæнрн"., Ныр та мæ алы бон æргæвд^æ кæны, бахордта мæ, æмæ иууылдæр дæу тыххæй. В а р в а р æ. Æмæ дзы Катеринæйы аххос цы у? Нана йæ кæй æфхæры,'уый’йын æгъгъæд нæу,фæлæ ма ноджы ды дæр! Афтæмæй та, мæ усыуарзын, зæгъгæ, фæкæныс. Дæу- мæ кæсынæй- мæзæрдæ æнкъард ’ кæны. (Иуфарсырдæм азылда.) , , V Ка б а но в'\ ДЗурыс афтæ! Уæдæ цы бакæнон, цы? , В а р в а р æ. Уæд та дæ дзыхыл хæц, кæд уымæй хуыздæр ницы зоныс, уæд. Асыффытт арæзт та куы скодтай дæхи! Дæ цæстæнгасæй бæрæг у, дæ зæрдæ кæдæм æх-; сайы, уый. (, ! ■' • ’ К а б а н о в. Кæдæм? Цæй-ма! В а р в а р æ- Кæдæм,, кæ! Уæртæ та дæ Савел Прокофьн- чимæ аназын фæнды. Афтæ ’нæу? 2 Арвы нгерын. ^’
Кабаиов. Базыдтай йæ, мæ хо. К а т е р и н æ. Тагъддæр-иу раздæх, Тишæ, кæннод т иана хæцдзæн. В а р в а р æ. Бирæ-иу ма бафæстиат у, æцæг дæр, ку- йын зоныс йе ’гъдау! К а б а н о в. Куыннæ йæ зоныи! В а р в а р æ. Махæн дæр тынг æхсызгон нæу дæу тых хæй уый загъдмæ хъусын. Ка банов. Цæсты фæныкъуылдмæ ам уыдзынæн, фæ лæуут мæм-иу! (Ацыди.) VII ФÆЗЫНД К а т е р и н æ æмæ В а р в а р æ. Катеринæ. Уæдæ мын тæригъæд кæныс, Варя? Варварæ (иннæрдæм кæсгæиæ). Бæргæ дын кæныи Катеринæ. Уарзыс мæ, уæдæ, нæ? (Пьа йын кæнь зæрди^гæй.) Варварæ. Ау, цæуылпæ дæ уарзоп! Катеринæ. Гъе ’мæ бузныг! Æз дæ мæхæдæг дæр тынг уарзын. Ницы дзурынц. Зæгъон дын, ныртæккæ цы ахъуыды кодтон, уый? Варварæ. Цы? Катеринæ. Цымæ адæймаг тæхгæ цæуылнæ кæны? Варварæ. Нæ дæ ’мбарын, цы зæгъынмæ хъавыс, уый. Ка-| еринæ. Адæймаг, зæгъын, цымæ та^хгæ цæуылнге кæны, мæргъты хуызæн? Зоныс, хаттæй-хатт мæм, цымг маргъ дæн, афтæ фæкæсы. Искæцы ран къуыбырыл куь! вæййын, уæд, куы атæхин, уый мæ-иу с[æиды. Афтæ мæхн уыцы-иу скъæрд акæнин, мæ къухтæ сисин æмæ атæхин! Бавзарон ныртæкк^? (Згъорынмæ хьавы.) ! Варварæ. Ныр цытæ кæныс? Катеринæ (ныуулæфыд). Цы хъæлдзæг-иу уыдтæй Фæлæ сымахмæ куыддæр мæхи мидæг бамиылдгæн, æрмæ^ тъæл дæн. 18
Варварæ. Афтæ ’нхъæлыс, æмæ йæ нæ уынын? Катеринæ. Ахæм дын уыдтæн цы! Мæхицæн-иу æнæ- мæт цард кодтон, сæрибар маргъы хуызæн. Мæ мад мыл æр- хъæцмæ нæ хъæцыд, куклайау мæ арæзтæй дардта, куыс- тæй мæ нæ домдта, æмæ-иу мæхи цы фæндыд, уый кодтон. Зоныс, æз чызгæй куыд цардтæн, уый? Æз дын æй ныртæк- кæ радзурдзынæн. Райсомæй-иу раджы сыстадтæн; кæд æмæ-иу сæрд уыдаид, уæд-иу ацыдтæн суадонмæ, мæхи-иу ныхсадтон, мемæ-иу дон æрбахастон æмæ-иу агъуысты ди- динджытыл сеппæтыл дæр дон ныккодтон. Дидинджытæ мæм тынг бирæ уыди. Стæй-иу мæ мадимæ аргъуанмæ ацы- дыстæм иууылдæр, мæгуыр куывддзау устытæ дæр немæ„ афтæмæй—нæ хæдзар йедзаг уыдис алыхуызон куывддзау устытæй. Аргъуанæй-иу куы ’рбаздæхтыстæм, уæд-иу исты ми райстам —фылдæр хатт-иу хъæдабæйыл истытæ хуыдтам сыгъзæрин хæрдгæйæ, куывддзау устытæ та нын-иу ачыхуы- зон таурæгътæ æмæ асмбисæндтæ хастой: кæм бæстæты уыдысты, цытæ федтой, сихты царды хабæрттæ, зарыдысты нын аргъуаны зарджытæ. Афтæмæй ныл-иу рæстæг аив- гъуыдта суанг сихоры онг. Уæд-иу зæронд устытæ æркъул кæпынмæ ацыдысты, æз та-иу цæхæрадоны тезгъо кодтон. Стæй уæд— изæры аргъуыдмæ, изæры та ногæй таурæгътæ æмæ зарын. Ахæм хорз уыди, ахæм!.. В а р в а р æ. Махмæ дæр раст афтæ у. Катеринæ. Ам мын сæ цыма исчи æнæбары кæнын кæ- ны, афтæ мæм кæсы. Лргъуанмæ ацæуыпæй хуыздæрмæм-иу ницы касти. Раст иу цыма дзæнæтмæ бацыдтæн, æмæ иу уынгæ дæр никæйы кодтон, рæстæг куыд цыди, уый дæр не ’мбæр- стон, аргъуыд-иу куыдахицæн ис, уый дæр-иу нæ фехъуыстон. Цыма-иу уыдæттæ иууылдæр иу минутмæ ахицæн сты, афтæ мæм-иу касти. Мæ мад мын-иу дзырдта, адæм иууылдæр сæ каст дæу скæнынц, ахæм вæййыс, зæгъгæ. Зоныс: хурбон аргъуаны цъупп I й уырдыгмæ ахæм рухсы цæджындз æр- Ц*уы, æмæ уыцы цæджындзы мидæг фæздæг къуыбылæйттæ кæны æврæгъты хуызæн, æмæ уæд мæ цæстытыл ауайы, Дыма уыцы цæджындзгонды мидæг зæдтæ ратæх-батæх 2* 19
кæнынц æмæ зарынц. На уæд та-иу, чызгæй, æхсæвыгон сыс;тадтæн,—махмæ дæрдзуары нывты раз æхсæвæй-бонæй’ 1Щрæгътæ сыгъди,—æмаё-иу боны цъæхмæ искуы къуымы, йæ зонгуытыл фæлæууыдтæн æмæ хуыцаумæ, фæкуывтон. Кæнæ та-иу райсомæй раджы, хурæн дæр раст йе скаст,'. ’ афтæ цæхæрадонмæ ацыдтæн, мæ зонгуытыл-ну æрхаудтæн. æмæ уым дæр хуыцаумæ куывтон æмæ куыдтон æмæ-иуæй, мæхæдæг дæр не ’мбæрстон, цæмæ кувын æмæ, цæуыл кæ- уын, уый; уыцы ран мæ-иу’ афтæмæй ссардтой. Нæ йæ зо^ нын ныр дæр, уыцы рæстæджы цæмæ куывтон, цы куырдтон мæхицæн, уый; ницы хъуаг уыдтæн, алцы дæр мын уыдис мæ фаг. Уæд фынтæ та цы хуызæттæ уыдтон, Варенькæ! Диссаджы фынтæ! Кæнæ сыгъзæрин аргъуантæ, кæнæ , ца-' вæрдæр æнахуыр цæхæрадæттæ, æмæ æдзухдæр хъусын кæйдæр рæсугъд зарын æмæ заз бæлæсты тæф, æмæ, цы- ма, хæхтæ ’мæ бæлæстæ дæр, æнæуый чи вæййы, ахæмтаУ нæ, фæлæ Дзуæртты нывтыл цы хуызæттæ вæййынд, ахæм- тæ. Иа уæд та, цыма, æз мæхæдæг тæхгæ кæнын,, афтæ ратæх-батæх кæнын уæлдæфы. Ныр дæр ма иуæй-иу хатт| фенын фынтæ, фæлæ арæх нал, стæй ахæмтæ дæр нал вæй-| йынц. - ’ ’’ ’ В а р в а рæ. Уæдаё цавæртæ? Катеринæ (ницы дзургæйæ алæууыд). Æз тагъд амæлдзынæн. ; Варварæ. Ныууадз-ма, цытæ дзурыс! , Катеринæ. Нæ, æз æй зонын, амæлдзынæн. Цыдæр ’ кæнын, мæ хур, æмæ йæ дзæбæх не ’мбарын. Никуы уыд- тæн афтæ. Æнахуыр диссаг! Цыма ног гуырд ракодтон, кæ4 нæ.'.. ’нæ зонын, куыд æйзæгъон... | ’ Ва.рварæ. Æмæ цы кæныс, цы? \ К а т е р и н æ , (йæ къухыл ын ныххæцыд). Цы, уый зо^ ныс, Варй? Иу замана мыл цæудзæн! Ахæм тарст кæныш ахæм тарст! Цыма сæрсæфæны былыл лæууын æмæ мæ чи* дæр уырдæм ссоны, цæуыл ныххæцон, уый та мын уæвпа нæй. (Йæ къухæй йæ сæрмæ фæлæбурдта) \ В а р в а р æ. Цы кæныс, цы? Кæд рынчын кæныс, мийаг^ 20
К а т е р и н æ. Нæ, дзæбæх дæн... Фæлæ фæлтау рын- чын куы уаин. Цавæрдæр хъуыдытæ мæ сæрæй нал цух кæнынц. Æмæ мын сæ алидзæн дæр никуыдæм * ис. Хуы- цаумæ кувын дæр’мын ницы уал æххуыс кæны — дзыхæй иу ныхæстæ кæнын, мæ хъуыдытæ та иннæрдæм фæвæй- йынц, — раст мып цыма хæйрæг мæ хъусы алы æвзæр ны-- хæстæ дзуры, афтæ мæм фæкæсы. Мæ цæстытыл ахæм цы- дæртæ уайы, æмæ мæхæдæг мæхицæй цæфсæрмы вæййын. Цæмæн афтæ уа? Дзæгъæл-хуымæтæджы нæ уыдзæн. Цы-• дæр бæллæх мæм кæсы, æвæццæгæн! Æхсæв мæ, Варя,, хуыссæг нал ахсы, æдзухдæр мæ хъустыл кæйдæр сусæг ныхæстæ уайынц: чидæр мын рæвдауæн ныхæстæ фæкæны, мæнæ бæлон куыд къуыркъуыр кæна, афтæ. Фыццаджы хуызæн, Варя, мæ фыны нал уынын дзæнæтыбæлæстæ æмæ хæхтæ, фæлæ мын цыма чидæр тынг ныхъæбыс кæны æмæ мæ кæдæмдæр фæцæй кæны, æмæ æз дæр йæ фæдыл цæ- уын, цæуын... Варварæ: Стæй ма цы? К а т е р и н æ. Уæууа! Цæмæн дын дзурын уыдæттæ: ды нырма чызг куы дæ. В а р в а р æ {алырдæм ахъахъæдта). Дзур! Æз дæуæй фыддæр дæн. К ат е р и’н æ. Куыд дын сæ дзурон? Худинаг мæм кæсы. Ва р в а р æ. Дзур, пицы кæны! К а т ’е р и н æ. Мæ зæрдæ афтæ суынгæг вæййы^ сæнуд вæййы, æмæ раст ардыгæй алидзин. Ахæм зæрдæ мæм æр- цæуы, æмæ мæ бар мæхи куы уаид, уæд лодкæйы сбадин æмæ Волгæйы доны, рацу-бацу кæнин, заргæйæ, кæнæ та рæсугъд уæрдоны, æртæ бæхы ифтыгъдæй, хъæбыс-хъæбыс... Ва р в ар æ. ■ Æцæг, дæ лæджимæ нæ, фæлæ æндæр искæимæ.'1 Катеринæ. Цæмæй йæ зоныс ды та ? В а р в а р æ - Цас зын ,у уый базонын!.. Катерин æ., Сæфын, Варя, тæригъæдхъуыддаг мæ сæ- Рзей нал хицæн кæны! Цас æмæ цас фæкуыдтон, цас фæ-, хъУырдухæн кодтон мæ зæрдæимæ, фæлæ йын мæ бон нн- 21
цы бацйс! Ничердæм мын и аирвæзæн уыцы тæригъæд хъуыддагæй, ничердæм! Фæрсын дæ, Варя, худинаг нæу, стыр тæригъæд нæу, æндæр лæджы кæй уарзын, уый? Варварæ. Куыд дыл фæхудон æз!Мæхæдæг дæрАтæ- ригъæдджын дæн. К а т е р и н æ. Уæдæ цы бакæнон! Мæ бон нал у. Цы ма фæкæион мæхи; исты ракæндзынæн мæхицæн фыр зæр- дæрыстæй. В а р в а р æ. Цытæ дзурыс! Уый та куыд!Фæлæу, мæнæ райсом Тихон балцы ацæудзæн, æмæ уæд ахъуыды кæндзы- стæмгкæд уын исты амал æрцæуид уæкæрæдзийы фенынæн. К а т е’р и н æ. Нæ, нæ, нæ хъæуы! Цытæ дзурыс! Уый та куыд загътай! Хуыцау бахизæд уымæй! В а р в а р æ. Цæмæй фæтарстæ? Катеринæ. Иунæг хатт дæр æй куы фенон ныхасмæ, уæд нæ’хæдзарæй алидздзынæн, нæхимæ нал æрбацæудзы- нæн, ницæй уал тыххæй. , В а р в а р æ.' Хорз, хорз, уæд фендзыстæм. Катеринæ. Нæ, нæ, ма мын дзур афтæтæ, æз дæм хъусгæ дæр нал кæндзынæн. В а р в а р æ. Æмæ уæдæ афтæмæй куы хус кæнай, уæд уый цас хорз уыдзæн! Æниу мæлгæ куы акæнис фыр зæр- дæрыстæй, уæддæр дын исчи фæтæригъæд кæнид! Куыннæ стæй, дæ хъустæ бахъил кæн! Æмæ уæд дæхи цы тухæ- нæй марыс! Æрбацæуы зæр онд æхсин лæдзæджимæ, йæ фæдыл нæ дыууæ л æ к к æ д г æн æ д ж ы, æртæтнгъон шляпæты. VIII ФÆЗЫНД V ыдон æмæ з æ р о н д æ х с и н. 3 æ р о н д æ х с и н. Гъы, рæсугъдтæ? Цы ми кæнут ам ? Лæппутæмæнхъæлмæ кæсут? И? Уæ зæрдæ хъæлдзæг у? Хъæлдзæг? Уæ рæсугъддзинадыл цин кæнут? Рæсугъддзи- над адæймаджы уæртæ уырдæм кæны. (Амони Во лгæмæ.) Уæртæ, уæртæ малмæ, йæ тæккæ арфмæ^ В а р в а р æ й æ мидбылтыхуд ы.
Цæуыл худут? Ма цин кæнут! (Йæ лæдзæгæй зæхх хо- пы). Зыидоны арты судздзыстут уеппæт дæр, æнусон арты. Фыцгæ писийы уæ нысхойдзысты хæйрæджытæ, стыр агты. (Фæцæуы). Уæртæ, уæртæ, уырдæм уæ кæндзæн уæ рæ- сугъддзинад. (Ацыди.) IX ФÆЗЫНД Катерннæ æмæ Варварæ. Катеринæ. Мæ уд мын ауайын кодта! Мæ зырзыр цæ- уы, раст, мын цыма исты кæлæнтæ скодта, уый хуызæн. В а р в а р æ. Цы фæдзырдтай, уыдон дæхиуыл æрцæуæнт, зæронд хъебыр! Катеринæ. Цытæ дзырдта, цы, и? Цы загъта? Варварæ. Уадз æмæ рæйа. ^ ый дзæгъæл дзырдмæ та цы хъусæм! Алкæмæн дæр афтæтæ фæдзуры. Йæхæдæг чызгæй æнæгъдау цард фæкодта. Афæрс-ма, кæддæра дын дзы цытæ радзуриккой! Гъе ’мæ тæрсы йæ адзалы бонæй. Æмæ йæхæдæг йæхицæн цæмæй тæрсы, адæмы дæр уы- мæй тæрсын кæны. Горæты чысыл лæппутæ чи ис, уыдон дæр ма дзы бамбæхсынц, йæ лæдзæгæй сæм додойтæ сисы æмæ хъæр кæнын байдайы (фæзмы йæ)\ „иууылдæр арты судздзыстут, арты!" Катеринæ (йæ цжтытх бацъынд кæнгæйæ). Ма уал мын дзур, ныууадз! Мæ зæрдæ скъуыны ныртæккæ! Варварæ. Атъæпп уа мын йæ сæр, уымæй дæр ма куы тæрсиккам! Зæронд æрра... Катеринæ. Æз дзы тæрсын,- тынг дзы тæрсын. Ныр дæр ма мæ цæстытыл уайы. Ницы дзурыиц. Варварæ (фæстæрдæм акæсгæйæ). Ныр цæмæн æрæг- мæ кæныТихон! Уæртæ, цыма, тыхджыы къæвда æрбацæуы. Катеринæ (тынг тарст хуызæй). Арв та цæвдзæни! Лидзæм тагъд нæхимæ! Тагъддæр! 23
Ва;рварæ. Æрра ’сдæ æви?.. Æнæ Тихонæй нæхймæ куьг^ 'Цæуынмæ хъавыс? \! ’’ Катеринæ. Цом/ цом! Цыйын кæнæм уымæн дæр, <' ; ЛВа рварæ. Мæлæты„тарст нæ кæиыс? Арв тагъд нæма /нæрдзæн. \ - ;] ■ Катеринæ. ■ Цæй^ уæдæ, кæд тагъд нæма нæрдзæн, уæд уал чысыл фæлæууæм: фæлæ, æвæдза,\куы цæуйккам, уæд хуыздæр уаид!/Цом фæлтау! ( Варварæ. Омæ ныл кæд’иугæр исты æрцæуинаг у, уæд дзы нæхимæ æмбæхсг^е бакæндзыстæм? Катеринæ,'Уаеддæр хуыздæр у, æфснайддæр ран уы- дзыстæЖ. Уым дзуæртты нывтæ ис, æмæ æз хуыцаумæ дæр бакувдзынæи, , Варварæ. Æз æй нæ зыдтон, арвы пæрынæй ’ афтæ тæрсыс; уый. Уæдæ дзы æз нæ тæрсын. • ’ ’, /.' К $ т е р и н æ.' ^Куыннæ дзы тæрсои, • Варя! Хъуамæ дзы алчи дæр тæрса. Маргæ дæ акæндзæн^ уый диссаг нæу, фæлæ тæрсын уььмæй хъæуы, æмæ адæймаджы йæ адзал æвйппайды куы æрыййафа, ’йæ ’ тæригъæдтймæ,, йе ’наккаг хъувдытимæ. Æз’ амæлынæй, нае тæрсын, фæлæ’ афтæ куы ахъуыды кæнын, ’ мæнæ ам дæ разы цы, хуызы дæн, деэдæ цы, ныхæстæ кодтон, уыдон фæстæ æвиппайды хуыцауы раз æрлæудзынæн, зæгъгæ, — узед гъе уымæй тæрсыц. Цы 1 хуызæнхъуыдытæ ис мæ сæры! Стьгр.тæригъæд’ хъуыддаг!* Йæ сдзурын дæр зын куы у! ’ Арв.ныннæрыди. 'УаУ! ’ ’ ’ ,■ ’ ''". \' \ .' ,'., ’ ’ Кабанов æрбацæуы’. Варварæ. Уæртæ Тихон æрбацæ)/к.(Кабановмя.) Раз- гъор тзгъддæр! , ,' Арв иьпшæрыди. V Катеринæ. Уау! Тагъддæр, тагъддæр! 24
ДЫККАГ АРХАЙД Уат Кабановты хæдзары. I ФÆЗЫНД Г л а ш æ (дзаумæпæ æмбырд кæны) æмæ Ф е к л у ш æ (æроацæуы). Феклушæ. Дзæбæх чызг, æдзух кусгæ куы кæныс уый! Цы ми та кæныс, цы, мæ хур,? Глашае. Нæ хæдзары хицауы рæвдз кæнын фæндагмæ. Феклушæ. Æмæ искуыдæм цæуы, искуыдæм,(мæ ху- ры хай? , Глашæ. 0. Феклушæ. Бирæ фæуыдзæни æттæ, мæ бон? Глашæ. Нæ, тагъд æрьгёдæхдзæн. Феклушæ. Фæндараст фæуæд, бæмбæг — йæ фæндаг! Æмæ уæд йæ ус’та куыд,, тынг кæудзæни? Глашæ. Æмæ гъа, мæ зоныи... I Феклушæ., Искуы фæкæук, уæвгæ, искуы? Глашæ. Никуы йæ фехъуыстон. Фе’клущæ> Дзæбæх чи кæуа, ахæммæ байхъусынæй фылдæр ницы уарзын, хорз чызг. ! ’ , • Ницы дзурынц. ^ыцы мæгуыргурмæ дæ цæстфæдар, хорзчызг, мацы адавæд. Глашæ. Чи уын цы бамбардзæн, уеппæт дæр уæ кæ- Рæдзиуыл даутæ кæнут., ’Цæмæн афтæ æвзæр цæстæй кæ- сУт кæрæдзимæ? Кæд ма сымахæн нæй дард ацы ран, уæд нæ зонын, фæлæ уæддæр ’æдзух хылтæ кæнут, уæ кæрæ-
дзийæн уайдзæфтæ кæнут; тæригъæдæй дæр нæ тæрсут. Феклушæ. Æнæтæригъæд та чи у, мæ бон, адæмы ’хсæн цæргæйæ! Стæй ма дын æз ноджы уый зæгъдзынæн, мæ хур: хуымæтæджы адæмæй алкæйы дæр иу хæйрæг рæдийын кæны, махыл та — кæуыл æхсæз, кæуыл дыууа- дæс сфарс вæййынц. Æмæ уыдон сеппæты дæр басæттын хъæуы. Зын у, мæ хур, зын! Глашæ. Æмæ уæд сымахыл цæмæн афтæ бирæ?.. Феклушæ. Хæлæг нæм кæны хæйрæджыты хицау, хæ- лæг, не ’нæтæригъæд цардмæ кæсгæйæ. Уый йеттæмæ æз, мæ хур, хъаугъагæнаг нæ дæн, уыцы аипп мæм нæй. Иу аипп мæм ис, æцæгдзинадæй: мæхæдæг дæр æй зонын. Ад- джын хæрд бакæнын уарзын. Фæлæ уый цас аипп у! Хуы- цау мын тæригъæд кæны æмæ мын дæтты. Глашæ. Бирæ бæстæтыл азылдтæ, Феклушæ? Феклушæ. Нæ, м* хур, мæ низтæ мæ нæ бауагътой; фæлæ хъусгæ бирæ фæкодтон. Ахæм бæстæтæ ис, зæгъынц, мæ хур, æмæ дзы чырыстон паддзах дæр нæй, фæлæ дзы паддзахиуæг кæнынц солтантæ. Иу бæстæн хицаудзинад кæны туркаг солтан Махнут, иннæмæн та персайнаг солтан Махнут; æмæ адæмæн тæрхон кæнынц, мæ хур, фæлæ цы- дæриддæр стæрхон кæной — æппындæр раст никуы вæййы. Хуыцау сын афтæ сныв кодта, мæ хур, æмæ иунæг хъуыд- даг дæр рæстмæ алыг кæнын сæ бон нæу. Мах закъон раст закъон у, уыдон закъон та галиумæ у. Мах закъон афтæрдæм зæгъы, уыдон закъон та бынтон иннæрдæм. Стæй сæ суды лæгтæ дæр раст тæрхон нæ кæнынц. Исчи сæм йæ курдиат куы бадæтты, мæ хур, уæд сæм фысгæ дæр аф’тæ ныккæны: „дæ уынаффæ зæгъ, галиу тæрхоны лæг"! Стæй ма ахæм бæстæтæ дæр ис, адæмыл сеппæтыл дæр куыдзы сæртæ кæм зайы. Г л а ш æ. Уый та цæмæн, куыдзы сæртæ ? Фёклушæ. Дин нæ кодтой, æмæ уымæн. Цæй, мæ бон, æз цæуон æмæ къупецтыл азилон: кæд та мæгуыр адæймагæн исты авæриккой. Хæрзбон уал! Глашæ. Фæндараст! 26
Феклушæ ацыдн. Кæсыс, цы хуызæн бæстæтæ ма ис зæххыл! Цынæ хуы- зæн, ды нæ хуызæн диссæгтæ ис а дунейыл! Мах та ам ба- дæм-æмæ зонгæ дæр ницы кæнæм. Хуьшау хорз, æмæ ма уæддæр искуы-иу хатт адæмæй фехъусæм, дунейыл цытæ цæуы, уый; науæдафтæ æнæ исгы æмбаргæйæ амæликкам. Æрбацæуынц Катеринæ æмæ В а р в а р æ. II ФÆЗЫНД К а т е р и н æ æмæ В а р в а р æ. В а рв а р æ {Глашæмæ). Марадз, дзаумæттæ хæсгæ уæр- донмæ, бæхтæ æрбацыдысты. (Катеринæмсе). Æгæр сывæл- лонæй дæ радтой моймæ, чызгæй уæгъдибар цард нæ акод- тай, æмæ дæ зæрдæ нæма æрынцади. Глашæ ацыд. Катеринæ. Стæй никуы дæр æрынцайдзæн. Варварæ. Цæуылнæ? Катеринæ, Мæ конд афтæ у. Æхсæз азæй мыл фыд- дæр нæ цыдаид, уæд æз цы бакодтон! Нæхимæ мæ рæстæй бафхæрдтой, уый уыдис изæры ’рдæм, æрталынг и; уæд æз бавдæлдтæн æмæ Волгæйы былмæ алыгътæн, лодкæйы абад- тæн æмæ йæ ассыдтон былæй. Æрмæст мæ дыккаг бон райсо- мæй ссардтой иу дæс версты дæлдæр! Варварæ. Зæгъ-ма, лæппутæ дæм-иу уæлдай кæс- тытæ никуы бакодтой? К а т е р и п æ. Куыннæ кодтой! Ва рва рæ. Æмæ дзы уæд æппын никæй бауарзтай? Кате ри н æ. Никæй, худтæн сыл-иу æрмæст. Варварæ. Æз дын цы зæгъдзынæн, Катл, уый зоныс: ды Тихоны нæ уарзыс. Катеринæ. Куыннæ йæ уарзын! Æз ын тынг тæри- Гъ^д кæнын! 27
Варварæ. Нæ, нæиæ уарзыс. Иугæр ын тæригъæд кæ^; нысгг-уæдæй нæ уарзыс. Стæй йæ, æниу, цæй тыххæй уарз| тæуа, нæ зонын. .Фæлæ’’.й’æ зæрдæйы уаг мæнæй дзæгъæлы; æмбæхсыс! Æз æй рагæй æмбарын, ды иуадæймаджы кæи; уарзыс, уый. ^ , ’ '"' Катеринæ (п/арст хуызæй). Цæмæй йæ бамбæрстай^ Варварæ. Худæгæй марыс! Исты дын сывæллон дæн!' Мæнæ уал дын -иу нысан: куыддæр æй феныс, афтæ уай- тагъд дæ хуыз афæливыс. 1< а т с р и н æ зæхмæ кæсы. æфсæрмхуызæй. Стæй æиæуый дæр... Катёринæ (зæхмæ кæсгæйæ). Æмæ чи у, уæдæ? Варварæ. Дæхæдæг æй зоныс, цы ма мын æй зæгъын кæныс? , К’атеринæ. Нæ, зæгъ æй! Йæ номæй йæ зæгъ! В а р в а р æ. Борис Григорьевич. К а т е р и н æ. Æцæг у, Варя, æцæг! Фæлæ дæ курын,< Варя, хуыцауы хатыр бакæ... В а р в а р æ. Цытæ дзурыс/ цы! Дæхпцæй ’мацы сирвæ- зæд, уый йеттæмæ мæнæй тас нæу. , , К а т е р и н æ. Мæ замана уый у, æмæ сайын, исты басу- сæг кæнын кæй нæ зоньш. В а р в а р æ. Æмæ æнæ уый, та гæнæн нæй; кæм ца?рыс, уый дæ рох ма уæд! Мах хæдзары цард иууылдæр сай- дыл арæзт у. Æз дæр сайаг нæ уыдтæн, фæлæ мæ куы ба- хъуыдис, «уæд сахуыр ,дæн. Знон æй федтон; Борисы,'æмæ ныхас дæр акодтам. , , Катеринæ (иу цъусдуг ницы дзуры, стæй, зæхмæ Кæсгæйæ). Гъемæ? ; В а р в а р æ. Саламтæ дæм æрвыста., Хъыг кæны, дæу феныны амал ,ын, кæй иæй, ууыл. ’ , К,а т е р и и æ (ноджы тынгдæр æфсæрмхуызæй). Уый та кæй бон у! Стæй цæмæн хъæуы... ’ , ’ , В а р з а р æ. Ахæм æнкъард уыди, æмæ... Катеринæ. Йæ кой дæр мын ма кæ, дæ хорзаехæй,,' 28
мацы мын дзур! Ницæмæн мæ хъæуы! Æз мæ лæджы уарз- дзынæн. Тишæ мæ уд у, никæуыл æй баивдзынæн! Æз æй ферох кæнынмæкуы хъавыи, уæд мын йæ кой цæмæн кæныс? Варварæ. Ферох æй кæ, чи дæ нæ уадзы? К а т е р и н æ. Нæ мын тæригъæд кæныс æппындæр. Ферох æй кæ, зæгъыс, афтæмæй мын æй мæ зæрдыл æр- лæууын кæныс. Мæн бæргæ фæнды йæ ферох кæныи, фæ- лæ цы бакæпои, нæ цух кæны мæ зæрдæйæ. Цæуылдæрид- дæр куы ахъуыды кæнон, — мæ цæстытыл ын æнæ ауайгæ нæй. Бæргæ мæ фæнды мæхи уромын, фæлæ мæ бон нæу. Дысон та мæ хæйрæг фæцæйсайдта: чысыл ма бахъæуа, нæ хæдзарæй лидзынвæнд ма скæнон. В а р в а р æ. Ды куыддæр æнахуыр адæймаг дæ, æмæ дын цы , зæгъон! Фæлæ мæнмæ гæсгæ та афтæ у: цы дæ фæнды, уый кæн, æрмæст æй мачи базонæд. ’ К а т е р и н æ. Æз ууыл разы нæ дæн. ; Стæй дзы цы хорздзинад ис? Фæлтау уал фæраздзынæн, цалынмæ мæ бон уа, уæдмæ. • В а р в а р æ. Æмæ куы нæ уал фæразай, уæд та цы ба- кæндзынæ?, К а т е р и н æ. Цы бакæндзынæн? , Варварæ. О, цы бакæндзынæ? К а т е ри н æ. -Цыдæриддæр, мæ’ бафæнда, уый.бакæн. дзынæн. В а р в а р æ. Бакæн/ авзар;' кæддæра дын дæ цард нæ сæпад кæниккой. \ , • \ , ’ Катеринæ. Цы мын кæндзысты!, Æз ардыгæй афар- дæг уыдгшнæн искуыдæм. Ва’рварæ. Кæдæм ацæудзынæ дæ ’ лæджы æгасæй? Катеринæ. Нæ, Варя, ды мын мæ зæрдæйы конд нæ зопыс! Хуыцау бахизæд ахæм хъуыддагæй, фæлæ мын амы Дард куы сæнад уа, уæд мæ ничи уал бау^омдзæн. Ру- Дзынгæй мæхи аппардзынæн, кæнæ та Волгæйы донмæ. Куы нæ мæ фæнда ам цæрын, уæд нæ фæцæрдзыпæн, æргæвд-' гæ мæ куы чыпдæуа, уæддæр! 29
Фэехъус сты. Варварæ. Цы фæнд мæм æрцыд, уый зоныс, Катя Цæй æмæ, Тихон куы ацæуа балцы, уæд æхсæв, нæ цæ хæрадоны цы мусонг ис, уым хуыссын райдайæм. К а т е р и н æ. Цæмæн ? В а р в а р æ. Афтæ, цы хъауджыдæр у? К а т е р и н æ. Æз æхсæв æнахуыр ран тæрсгæ кæнын Варя. Ва р в а р æ. Цæмæй тæрсыс? Глашæ дæр немæ уыдзæн Катеринæ. Уæддæр нæ уæнддзынæн! Фæлæ, цæй, уæд та фод афтæ! Варварæ. Æз дзы иунæгæй дæр хуыссин, фæлæ ма; нама æнæ дæу нæ бауадздзæни, афтæмæй та мæн уы$ тынг æхсызгон хъæуы. Катерин æ {бакаспш йæм). Цæмæн дæ хъæуы? В а р в а р æ (худы). Æз æмæ ды уым къамæй фæрсн дзыстæм. ■■ Катеринæ. Хынджылæг кæныс æви? В а р в а р æ. Хъазгæ кæнын. Ау, уæдæ мын æцæгæй æш хъæл дæ? Ницы дзурынц. Катеринæ. Тихон кæм и, кæм? В а рва р æ. Цы дзы кæныс? Катеринæ. Ницы; афтæ йæ фæрсын. Ныр тагъд куы цæудзæни. Варварæ. Уæртæ нанаимæ уаты бадынц, дуарæхкæ- дæй. Афонмæ та йæ хæры, мæнæ æфсæйнаджы згæ куыд хæра, афтæ. К а т е р и н æ. Цæй тыххæй? В а р ва р æ. Ницæй тыххæй, афтæ, зонд ын амоны. Дыу- уæ къукрийы æттæ уыдзани, 4ан^агыл- Ахгуыды ма кæ дæхæдæг!.. Æмæ нана мæстæй тъæппытæ хаудзæни, афонмæ та искуы кеф кæны уæгъдибарæй, зæгъгæ. Æмæ йын ныр хъæбæр фæдзæхстытæ кæны, амоны йын, цытæ æмæ куыд кæнын хъæудзæнис, уый, стæй йæ ноджы 30
дзуæртты нывтæм бакæндзæн, басомытæ йын кæнын кæн- дзæи, цыдæриддæр ын бацамыдта, уыдон бæлвырд кæй æх- хæст кæндзæнис, уыйтыххæй. Катеринæ Балцы уæвгæйæ дæр, æвæццæгæн, бас- тæй уæлдай пæ вæййы. В а р в а р æ. Куыинæ стæй, бабæттдзынæ йæ1 Куыддæр ардыгæй араст уа, афтæ нуазынмæ фæуыдзæн. Афонмæ на- найы ныхæстæм хъусы, фæлæ йæм йæ зæрдæ та афтæ дзу- ры: гъæй джиди, тагъддæр куы аирвæзин. Æрбацæуынц Кабанова æмæ К а б а н о в. III ФÆЗЫНД Гъе уыдон, стæй ноджы Кабанова æмæ К а б а н о в. Кабанова. Цы дын загътон, уыдон дæ зæрдыл бадард- тай? Хъусыс, ма сæ ферох кæ! На уæд мын додой дæ сæр кæндзæн! К а бано в. Нæ ферох кæндзынæн, нана. Кабанова. Цæй, уæдæ, афон у ныр. Бæхтæ ифтыгъд сты. Хæрзбонтæ-ма зæгъ, æмæ фæндараст. К а б а н о в. О, афон у. Кабанова. Цæй, цы лæууыс? Кабанов. Уæдæ цы кæнон? К а ба н о ва.Æгъдау нæ зонысæви цы? Зæгъ дæ усæн истытæ, æнæ дæу куыд хъуамæ цæра, уый йын блцамон, К а т е р и н æ æфсæрмыхуызæй зæхмæ кæсы. Ка б а н о в. Æмæ йын æз цы дчурон, йæхæдæг æй зоны. Каба нова. Æнæзонд ныхæстæ ма кæ, фæлæ йæм мæ разы дзæбæх бартхъирæнтæ кæ! Зæгъ ын. Зæгъ! Æз дæм байхъусон, кæддæра йын цытæ амопыс Стæй фæстæмæ кУы ’рыздæхай, уæд æй бафæрсдзынæ, дæ фæдзæхстыгæ Дып сæххæст кодта æви нæ. Кабаиов (китперинайы^ком’коммæ слæугæйа). Нана- йы коммæ иу кæс, Катя! 31
’ ’ Кйбанова. Йæ зæрдæхудт’ ыи, зæг>, макуы райс. , Кабанов. Йæ з’æрдæхудт ык макуы райс! , ';! К’абанова. Йе ’фсинæн мады кад куыд кæна, афтæ! . \’к а б а п о в. Нанайæн-иу ныййарæг мады кад кæн, Кат ','; Ка бан о ва. Æхсины бадт куыд нæ кæна агъуысты! К а б ан ов. Истытæ-иу кус æнæ мæн! ’ у Кабанова. Рудзгуытæй дзæгъæлкаст куыд нæ кæна К а б а н о в: Æмæ й’ыл уымæй та, нана, дæ зæрдæ...';| Кабанов,^. Зæгъ ын, зæгъ! . , ’ ’! Каба нов. Рудзгуытæй-иу ма кæс! Кабанова. Лæппутæм кæсгæ дæр куыд нæ кæна чæн' дæу! ,. ’ ’ ’ - ’ (;:; Каб анов. Гъе ныр, нана, хуыцауы тыххæй, ахæ’ ныхæстæ!.. Каб ан о ва (тызмæгæй). Бирæ ма’ дзур, дын зæгъын Д^ мады коммæ кæс! {Худæнбылæй.) Фæдзæхсын хо’рз у- ’, фидоры мад нæ куыдта, фæзæгы>шц. > ; , Кабанов (æфсæрмыхуызæй.) Лæппутæм-иу ма , кæс!, | К а т е р и н æ йæм тызмæг каст бакодта. , К а б а н о в а. Гъе ныр хибарæй дæр аныхæстæ кæнут; кæд уæ фæнды, уæд. Цом, Варварæ! ’, Ацыдысты. IV ФÆЗЫНД К ’а 6 а и о в æмæ Катерннæ (æнцад лæууы сагьдауæй.) Каб ан ов. Катя! Катеринæ ницыдзуры, ’ Катя, нæ мæм мæсты кæныс? , , ’ |Катеринæ (иу цасдæр рæстæг æнцад алæууынь фæстæ йæ сæр батылдта). Нæ кæнын! ’; Кабанов. Æмæ уæдæ уый цы хуызæн дæ?Цæй, ныб бар мын! | 32
Катеринæ (уъщы-иу хуызи лæугæйæ, йсе сæр\цысыл батылдта). Хуыцау дын ныббарæд! (Йæцæсгом йсе къухæй бамбсерзгæйæ). Рæстæй мæ бафхæрдта! Каб а но в. Адæймаг алцы йæ зæрдæмæ куы хæсеа, уæд ыл уайтагъд чехоткæ бахæцдзæни. Цы йæм хъусыс! Йстытæ дзурын æй хъæуы! Гъе ’мæдзурæд, ды йæ хъуыды дæр ма кæн. Цæй, хæрзбон, Катя! Кат е р и н æ (йсе лæджи хъуырыл цыттыхсти). Тишэе, маацу! Хуыцауы хатыр бакæ, маацу!Мæ хуры хай, курындæ! Кабанов. Нæй гæнæн,;Катя> Куыд нæ ацæуон, на^на мæ куы ’рвиты, уæд! , Катеринæ. Уæдæ мæн дæр демæ акæн, демæ! К а б а н о в (йæхи фæхщæн кодта). Нæй уый гæнæн. Катеринæ. Цæуылнæ ис гæнæн, цæуылнæ, Тишæ? Кабанов. Афтæ æнхъæлыс, æмæ мын демæ тынг хъæлдзæг уы^зæн фæндагыл? Ам, дæр уæ куы нæ уал фæразын! Æз, тагъддæр куы аирвæзин, зæгъгæ, мæ былы цъæрттæ хæрын; ды та мемæ цæуыныл сбæндæн дæ. Катеринæ. Ау," æмæ мæ нал уарзыс? Кабанов. Цæуылнæ дæ уарзын; фæлæ ахæм цардæй чидæриддæр фæлидздзæни, йæ рæсугъд усмæ дæр нал фæкæсдзæн! Ахъуыды-ма кæн дæхæдæг: хорз дæн, цы дæн, уæддæр æз лæг дæи; æмæ дæ царды бонтæ, мæнæ куыд уыныс, афтæмæй æрвит, уæд лæг йæ усæй дæр алидздзæни. Ныр æз куы зонон, ’дыууæ’ къуырийы æдæрсгæйæ, æнæ хъадамантæй кæй цæрдзынæн, ,уый, уæд ма мæ усы мæт и? К ат е р и н æ. Ныр дæ æз куыд уарзон, куыд, ахæм ны- хæстæ мын куы кæныс, уæд? Кабанов. Ныхас цы вæййы, уый дын зæгъын. Уæдæ ма дын цавæр ныхæстæ кæнон! Цæмæй тæрсыс, уый дын не ’мбарын! Иунæг куы нæ уыдзынæ, мийаг, нана дæр демæ Уыдзæн. , \ ’ ^ • ’ К а т е р и н æ. Йæ кой дæр мын ма кæ, мæ зæрдæ мын ма Риссын кæ! Цы брн мыл æркодта! (Кæуы.) Цы ма фæкæнон Майси, мæгуыр мæ бон? Чи мæ бахъахъæндзæн? Ме сæфт кУы ’рцæуы! ’3 АРвы иæрын. 33
Кабанов. Ныууадз, дæ хорзæхæй! Катеринæ (йæ лсегмæ бацыди æмæ йын хъæбыс кæны). Тишæ, мæ зæрдæ, куы ныллæууис, кæнæ мæн дæр демæ куы акæнис, уæд дæ афтæ бирæ уарзин, афтæ зæрдиагæй дыл узæлин, мæ хуры хай... (РæвОауы йæ.) К а б а н о в. Дис дыл кæнын, Катя. Куы дæ дзыхæй иунæг дзырд дæр нал фæхауы, рæвдауæн ныхас нæ, фæлæ; куы та дæ буц митæн кæрон нал вæййы. Катеринæ. Тишæ, цæмæн мæ уадзыс дзæгъæлæй? Бæллæх мыл цæудзæн æнæ дæу! Стыр бæллæх! К а б а н о в. Омæ, иугæр гæнæн куы нæ уа, уæд ма лæг ды бакæндзæн? Катеринæ. Цæй, уæд та афтæ бакæн! Ард мын ба- хæрын кæ, стыр ард... К а б а н о в. Цавæр ард? Катеринæ. Мæнæ ахæм: æнæ дæу ныхас дæр куыд никæмæ скæнон æттагонæй, кæсгæ дæр куыд никæмæ бакæнон, мæ зæрдыл куыд ничи лæууа дæуы йеттæмæ. К аб а н о в. Омæ дæ уый цæмæн хъæуы? Катеринæ. Мæ зæрдæйæн æнцондæр уыдзæн. Курьш дæ, дæ хорзæхæй, дзырд мæ райс! К а б а н о в. Сомы бакæнын стыр хъуыддаг у — куыд вæййы, цы вæййы... Катеринæ (йæ зонгуытыл æрхаугæйæ). Мæ мад, мæ фыды цæсгом мын хуыцау мауал фенын кæнæд! Мæ мард æнæ^ыгæдæй баз^айæд, æз, мийаг... Кабанов (стын æй кæны). Ныр цытæ кæныс! Цытæ дзурыс! Уый хуыцауæй дæр тæригъæд куы у! Æз дæм хъусгæ дæр нæ кæнын, ныууадз, банцай! К а б а н о н а æттейæ дзуры: гÆгъгъæд у, Тихон!" Æрбацæуынц Кабанова, ьарварæ æмæ Г л а ш æ. V ФÆЗЫНД Уыдси, стæй ноджы Кабанова, Варварæ æмæ Глашæ. Кабанова. Цæй, Тихон, ныр афон у. Фæндараст! (Æрбадти.) Æрбадут иу>ылдæр! 34
Иууылдæр æрбадтысты. Ницы дзурынц. Цæй, ныр хуыцауы уазæг! (Сыстади, æмæ иннæтæ дæр сыстадысты.) Кабано в (йсе мадмæ бацыди). Хæрзбон, нана! Кабанова (йæ къухæй зæхмæ амонгæйæ). Æркув мае къæхтæм, гъе афтæ! Т и х о н йæ мадæн йæ къæхтæм æркуывта, стæй йын пъа каеаш. Ныр дæ усæн дæр хæрзбон зæгъ. _ Юа ба н о в. Хæрзбон, Катя! Катеринæ йæхи баппæрста йæ лæджы ’фпæгмæ. Кабанова. Йæ хъуырыл ын цы ныттыхстæ, худинаг- гæнæг! Йæ хæзгул куы нæ дæ, мийаг! Дæ лæг у—дæ сæ- ры хицау! Æви æгъдау нæ зоныс? Йæ’ къæхтæм ын бакув! Катеринæ æркуывга Т и х о н ы къæхтæм. К а ба но в. Хæрзбон, Варя! (Пъа кæны Варварæйæн.) Хæрзбон, Глашæ! (Пъа кæны Глашæйæн.) Хæрзбон, нана! (Йæ сæоæл йын кувы.) К а бано в а. Фæндараст! Цæугæ ныр, уæлдай митæй ницы уал. К а 6 а н о в фæцæуы, йæ фæдыл Катеринæ, Варварæ æмæ Г л а ш æ . VI ФÆЗЬНД Кабанова (иунæгæй). Гъе уый та дын фæсивæды, хъуыддæгтæ! Худæгæй марынц!Мæхионтæ куынæ уаиккой, уæд сыл мæ фаг фæхудин. Æгъдæуттæн ницы зонынц æп- пындæр. Хæр<бон канæ фæндараст зæгъын та циу, æмæ гъе уый дæр нæ зонынц. Хуыцау хорз, æмæ хæдзары вæййы хисдæртæ, уыдон цалынмæ цæрой, уæдмæ ма хæдзар дæр йæ къæхтыл лæудзæн. Афтæмæй та, кæсыс, сæхи зон- дæй, хибарæй цæрынмæ хъавынц, æмæ сын куы бантысы, уæдныггали\тæ, ныхх\динæгтæ вæййынц. Уæвгæ сын тæри- гъæд чи фæкæны, ахæмтæ дæр ьæййы, фæлæ сыл фылдæр з* 35
адæцУта худгæ кæньшц. Æмæ сыл æниу куыннæ худтæуа; аддамзы æрхонынц, фæлæ сæ куыд рабадын кæнын хъæуы,, уый дæр чæ зонынц, ст’æй ма хъуамæ хæстæджытæй искæй- ты рох дæр фæкæндзысты. Худæгæй марынц! Афтæ, гъе, ’к^ыдфæстæмæ сæфт цæуынц фыдæлтыккон æгъдæуттæ. Иуæй-иу хæдзармæ бацæуын дæр нæ зæгъы зæрдæ. Куы бацæуай, уæд та хъуамæ лидзæг фæуыдзынæ. Куыд уыдзæ- ни цымæ, зæрæдтæ иууылдæр куы амæлой, уæд, цы бауы- дзысты адæм, ,нæ зонын. Уæвгæ æз уыдæттæй ницы уал фендзынæн, æмæ уый дæр хорз. Æрбацæуынц Катеринæ æмæ В а р в а р æ. VII ФÆЗЫНД Кабанова, Катерннæ æмæ В а р в а р æ. К а б а н о в а. Дæхицæй куы ’ппæлыдтæ, мæ лæджы тынг уарзын, зæгъгæ; кæм й ныр дæ уарзындзинад? Дæуæй æндæр чи уаид, уый йæ лæджы фæдыл иу дыууæ сахаты фæдзыназид, йæхи ныддæлгом кæнид къæсæрыл; фæлæ дæуæн, куыд дæм кæсын, афтæмæй ницы у. К ат е рин æ. Уыдоц уа?лдай митæ сты! Стæй сæ зонгæ дæр нæ кæнын. Адæмы цы худæгæй марон,! < , Кабанова. Æмæ дзы цы, зонын хъæуы? Куы йæ уарзис, уæд базонис. Кæд, куыд æмбæлы, афтæ нæ зоныс, уæддæр æй хъуамæ кæнай, æгъдауы тыххæй; афтæ фн- дауы; фæлæ йæ, æвæццæгæн, æрмæст дзыхæй уарзыс. Цæй, æз цæуын, хуыцаумæ бакуэон; хъæр ма кæнут ам. В а р в а р æ. Æз уал уынгмæ цæуын. Кабанова. Æмæ дæ чи нæ уадзы! Цу æмæ д’æхи ирхæфсын кæ, цалынмæ дæ афон нæма æрцыди, уæдмæ. Хæдзары бадынæй дæр бафсæддзынæ! Ацыдысты Кабанова æмæ В а р в а р æ. VIII ФÆЗЫНД Катеринæ {иунæгæй, джихтæ кæны). Гъе ныр та нæ хæдзары сыбыртт дæр нал хъуысдзæи, Адæймаг йæхи цы 36
фæкæна, уый нал; фæзоны! Уæд та нæм искæйы , сывæл- лæттæ куы цæриккой! Цы æнамонд дæн! Зæнæг дæр МЫн нæй: æдзух семæ бадин æмæ сæ хъазын кæнин. Сываел- лæттимæ ныхас кæнынæй фылдæр ницы уарзын,^~уыдон зæдтæ сты, зæдтæ. {Иицы дзуры.) Фæлтау гыццылæй куы амардаин, уæд хуыздæр уыдаид. Уæларвæй зæхмæ кастайн æмæ цин кодтаин алцæуыл дæр. На уæд та, кæдæм мæ фæндыдаид, уырдæм атахтаин. Быдырмæ-иу атахтаин æмæ дидинæгæй дидинæгмæ ратæх,-батæх:кодтаин, гæлæбуйау. (Йæхи нымæры хъуыдытыл фæци.) Афтæ нæ: бавдæлдзы- пæн æмæ исты куыст райдайдзынæн, дзырд ныббæттгæйæ; хъуымац балхæнДзынæн æмæ дзы мидæггаг дзауматæ ба- хуыйдзынæн, стæй сæ уæд мæгуыртæн байуардзынæн, æмæ уæд уыдон мæ уды бæстæйы тыххæй бакувдзысты. Бад- дзыстæм æмæ, хуыйдзыстæм Варварæимæ, æмæ рæстæг куыд аивгъуыйдзæн, уый æмбаргæ дæр нæ бакæндзыстæм, стæ# уалынмæ Тишæ дæр æрыздæхдзæни. Æрбацыд В ар’варæ. . IX ФÆЗЫНД \ , , Катеринæ æмæ В а р в а р æ. ’ В а р в а р æ^? (айдæнмæ кæсгæиæ, йæ сæрыл кселмссрзсен кæны). Æз ныр цæуын æмæ атезгъо кæнон; Глашæ та нын цæхæрадоны хуыссæнтæ бакæндзæн, æз нанайы бафарстон. Цæхæрадоны, мæнæргъыты фæстæ цы дуар ис, ууыл нана гуыдыр сæвæры, дæгъæл та, æмбæхсгæ бакæны. Æз дæ- гъаёл рахастон æмæ йын йæ бæсты æндæр цæвæрдтон, цæ- мæй йæ наца ма фæхъуыды кæна, уый тыххæй. Гъа, мийаг нæ, куы бахъæуа. (Дæгъсёл æм дæтты.) Куы йæ фенон, уæд ын зæгъдзынæы, уыцы дуары цурмæ куыд, æрбацæуа, афтæ, Кате,ринæ (тарстхуызæй, дæгъæл йæхицæй асхойгæ- йæ). Цæмæн? Цæмæн? Нæ хъæуы! Нæ хъæуы! В а рварæ . Кæд дæу нæ хъæуы, уæддæр мæн бахъæу- дзæн; айс æй, нæ дыл фæхæцдзæни. . 37
К а т е ри н æ . Ныр цы сфæнд кодтай, Варя! Худинагæй лæр нал тæрсыс? Уанцон нæу! Исчи афтæтæ кæны?! Варварæ. Цæй, æз бирæ дзурын нæ уарзын; стæй мæ æвдæлгæ дæр нæ кæны. Æз цæуын æмæ атезгъо кæ- нон. (Ацыдги) X ФÆЗЫНД Катеринæ (иунæгæй, йæкъукы дæгъсе/ь). Нырцытæ кæ- ны? Цысфæндкодта? Сæрра ис, бынтондæр сæрра ис! Мæнæ ме сафæг!Мæнæи! Аппарын æй хъæуы. Цæй æ*мæ йæ фехсон дардмæ, доны йæ ныппарон, куыд никуы уал æй ссарой, афтæ. Мæ къухтæ мын судзы, раст цыма зынг у, уый хуызæн. (Ахъуы- ды кæнгæйæ.) Махæн не сæфт гъе афтæмæйты æрцæуы. Ахæс- тоны цæргæйæ кæй зæрдæ уыдзæн рухс! Адæймагæн йæ цæстытыл цы нæ ауайдзæн! Æмæ иуæй-иутæ нал ахъуыды кæнынц, сæхи нал бауромыиц. Фæлæ уый хорз нæу, исты- тæ ахъуыды кæнын æмбæлы! На уæд адæймагстыр бæллæ- хы бахаудзæн. Стæй уæд æрдиаг кæн, хгьизæмарæй мæл дæ цæргæ-цæрæнбонты; уæд дæм дæ ахæстон ноджы фыд- дæр фæкæсдзæн. (Æнæ дзургæйæ а/ьæууыд.) Фæлæ æнæ- бары цардæй зындæр та ма цы ис, æвæдза! Хуыцау уыцы цард сылгоймаджы хай фæкодта. Гъе ныр зæгъæм мæ цар- дæй дæр. Афтæ, гъа, цæрын, фæлæ мæм рухсыцъыртт ни- куыцæй кæсы! Стæй мæм, æвæццæгæн, никуы дæр æрба- кæсдзæн! Бонæй-бон фыддæр. Æмæ ма мыл ныр ноджы ацы фыдбылызы хъуыддаг æртыхсти. (Хъуыдытæ кæны.) Ме’фсин ма куы нæ уаид1.. Бадомдта мæ... хæдзар дæр ма мын сæ- над ис уый тыххæй;ацы къултæм мæм кæсын дæр нал цæ- уы. (Хъуыдытæ кæнгæйæ, кæсы дæгъæлмæ.) Аппарин æй? Æмæ йæ уæдæ цы дарон мæхимæ! Цы хæйрæг æй æрба- хаста мæ къухтæм? Ме сæфт æрцыди, ме сæфт. (Хъусы.) Чидæр æрбацæуы. Мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта. (Дæгъæл йæ дзыппы амбæхста.) Нæ!.. Куы ничи!.. Цæмæй фæтарс- тæн ныр? Дæгъæл дæр ма амбæхстон... Сыгъдæгаёй, йæ бынат уым ис! Хуыцауы арæзт хъуыддаг у, æвæццæгæн! Уæвгæ дæр, æвæдза, цас тæригъæд хъуыддаг уыдзæн, иу- 38
нæг хатт æм куы бакæсон, уæд! Æниу, йемяе аныхас кæнын дæр цас аинп у! Фæлæ ма уæд мæ лæгмæ та цы дæсгомæй1.. Уæвгæ мæ уый йæхæдæг куы нæ бауагъта. Чи зоны, æмæ мын ахæм фадат мæ амæлыны бонмæ дæр нал фæуыдзæн. Уæд фæсмон кæндзынæн: фадат мын уыди æмæ нæ базыдтон. Ныр цытæ дзурын, мæхицæн фæливæн ныхæстæ цы кæнын? Мæ уд дæр куы раттдзынæн уыйфены- ны тыххæй. Кæй дзы асайынмæ хъавын?.. Æз ацы дæгъаел аппарон? Ницæй тыххæй! Мæн у ныр!.. Дуне куы афæл- дæха, уæддæр мын Борисы æнæ фенгæ нал ис[ Тæхуды, тагъддæр куы ’рталынг уаид!..
ÆРТЫККАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ СЦЕНÆ УЫНГ. КАБАНОВТЫ ДУЛРМÆ, КУЛДУАРЫ РАЗ, ДАРГЪ БАДÆИ. I ФÆЗЫНД К а б а н о в а аемæ Ф е к л у ш æ бадынц бадæныл. Ф е к л у ш æ. Адæмæн се сæфт æрцыд, дæ рын бахæронг Марфæ Игнатьвнæ, се сæфт, хъаймæты бон æрхæстæг ис, æвæццæгæн. Иунæг сымах горæты ма у хорз, дзæнæты хуы- зæн, æнцад. Иннæ горæттыл къух ауигъын хъæуы. Уым, дæ рын бахæрон, адæм æррайы хуызæн сысты:дзолгъо-молгъо, ратæх-батæх кæнынц æнæрынцойæ, чи фистæгæй, чи уæр- донæй! Фæдисы рауай-бауай кæнынц, иутæ нуырдæм, аннæ- тæ иннæрдæм. Кабанова. Мах хуыцау бахизæд фæдисæй, мах сын- дæггай цæрæм, мæ хур, уæдæ’ кæдæм, хъуамæ, тагъд -кæ- нæм! Ф е к л у шæ. Нæ, дæ рын бахæрон, сымах горæты хъæ- лæба уымæн нæ хъуысы, æмæ адæмæй бирæтæ, гье ныр зæгъæм дæуæй дæр, хорздзинæдтæй, сæхи фæлындынц ди- динджытау; æмæ гъе, уымæ гæсгæ алцы дæр кæнынц æн- цадгай æмæ æгъдауыя. Уый йеттæмæ, дæ рын бахæрон, уыцы ратæх-батæх цæмæн хъæуы?, Уый бынтон дзæгъæлы у! Зæгъæм Мæскуыйæ; адæм дыууæрдæм рауай-бауай кæ- нынц, æнæ сæр бæрæгæй. Сæ конд афтæ у, дæ рын бахæ- рон,■'Марфæ Игнатьевнæ, æмæуымæн ратæх-батæх кæнынц. Йæ зæрдæйæ алчи дæр хъуыддæгтæ фæкæны; тындзы раз- мæ, мæгуырæг, кæуыл сæмбæлы, уыцы адæмы дæр нал ба- 40 . ’
зоны; йæ цæсштыл уайы, цыма йæм чидæр сиды; Уфæлæ куы бахæццæ вæййы, уæд —никуы’мæ ницьь Æмæзæрдæ- састæй раздæхы. Иуæй-иутæм та афтæ фæкæсы, цыма’ сæ разæй фæцæйцæуы зонгæ адæймаг, æмæ уый сурынц. Æттагон адæймаг æй уадидæгæн бамбардзæн, йæ разæй кæй ничи; ис, уый; фæлæ уымæнта йæ цæстытыл чидæр уайы. Иæ цæс- тытыл фæлмы хуызæн сбады, æмæ уый тыххæй. Гъе ныр мæнæ сымахмæ — ахæм дзæбæх изæр, фæлæ уæддæр эёр- мæст гæзæмæ исчи рацæудзæн дуармæ абадынмæ; фæлæ Мæскуыйæн та ныр сæ тæккæ хъæлдзæг сахат у, афонмæ дзы уынгтæ гыбаргыбур кæнынц. Уæвгæ, йæ бирæ ныхас циу, дæ рын бахæрон, Марфæ Игнатьевнæ, йæ хъæлæсæй цæхæр чи калы, ахæм залиаг калмы дæр ма ифтындзын куы байдыдтой: тагъддæры тыххæй, дам. К а б а н о в а. Фехъуыстон уый, мæ хур, фехъуыстон. Феклушæ. Æз та йæ, мæ мады хай, мæхи дыууæ цæстæй федтои; шшæтæ йæ, ай-гъай, се ’нæхъуаджы цоп- пайæ нæ уынынц, æмæ сæ цæстытыл уайы машинæйы хуы- зы, æмæ йæ хонынц машинæ, ф’æлæ йæ æз федтон, йæ дзæмбытæй мæнæ афтæ-афтæ куыд кæны (йе’нгуылдзтæ иыппака кодп.а), уый. Раст адæмæй чи у, уыдон ын, уæ- дæ, йæ, хъæрзын дæр ма хъусынц. К а ба н ова . Схонын диссаг нæу, машинæ дæр æй схо’н; адæм< æнæзонд сты, алцы дæр сæ бауырндзæн. Фæ- лæ мæнæн сыгъзæрнны голлаг дæтт, уæддæр дзы не сбад- дзьшæн. Ф ек л у ш æ.' Æмæ дæ цæмæи хъæуы, мæ мады хап! Хуыцау дæ бахизæд ахæм фыдбылызæй! Æз ма, дæ рын бахæрон, Марфæ’ Игнатьезнæ, ноджыдæр иу диссаг федтоп Мæскуыйы. ,Иу бон, дын, сæумæ райсом, боны цъæхтыл, уын- джы фæцæуын, кæсын, æмæ иу бæрзопд, тынг бæрзонд хæдзары сæр иу чидæр лæууы, йæ цæсгом саусауид. Чи уыд, уый дæхæдæгæмбарыс. Æмæ йæ къухтæ змæлын кæны, цыма исты тауы, уый хуызæн, афтæмæй дæлæмæ та хаугæ ницы кæны. Æз: æй уайтагъддæр бамбæрстон, йæ фыдбы- лызтæ та кæй тауы, уый æмæ та сæ адæм бонæй æруидз- 41
дзысты æнæ уынгæйæ. Æмæ разгъор-базгъор дæр уымæн кæнынц, сæ сылгоймæгтæ дæр уый тыххæй афтæ цола сты, хуыз сыл нæ хæцы; цыма сæ исты фесæфти, кæнæ та исты агурынц, — сæ цæсгом æнкъард,. тæригъæдæй марынц. Кабанова. Хъуамæ уыдзæн афтæ дæр, мæ хур! Ныр- тæккæ дис кæнын ницæуыл уал хъæуы! Ф е к л у ш æ. Фыд заман скодта, мæ мады хай, Мар- фæ Игнатьевнæ, фыд заман. Рæстæг дæр цыбырдæр кæнын байдыдта. Кабанова. Уый та куыд цыбырдæр, мæ хур? Феклушæ. Мах та кæцæй, мах æй не ’мбарæм нæцоп- пайæ! Фæлæ йæ зондджын адæм хатынц, рæстæг нæм куыд цыбырдæр кæны, уый. Фыццаг-иу сæрд дæр æмæзьшæг дæр тынг даргъ уыдысты, кæрон сын-иу нал æмæ нал уыди; ныр та сæ адæймаг æмбаргæ дæр нæ бакæны, афтæмæй уайтагъд фæвæййынц. Бонтæ æмæ саххæттæ, цыма, фыццаджы хуы- зæнæй баззадысты; фæлæ ныл рæстæг та, нæ тæригъæдты тыххæй, цыбырæй-цыбырдæр кæны. Афтæ зæгъынц зонд- джын адæм.* Кабанова. Фæстæдæр та ноджы фыддæр уыдзæни, мæ хур. Феклушæ. Мах, уæддæр, куы нæ уал фæцæриккам уæдмæ! Кабанова. Чи зоны, æмæ ма фæцæрдзыстæм. Æрбацыди Д и к о й. 11 ФÆЗЫНД Уыдон æмæ Д и к о й. Кабанова. Кæцæй дæ хуыцау хæссы, мæ сыхаг, ацы æнафоны? Дикой. Æмæ кæй бон у мæн нæ бауадзын! К а б а н о в а. Кæй бон у! Кæмæн пайда у дæ бауромын! Дикой. Гъе уæдæ ма дзур. Искæмæн исты йæ дæл- дæр дæн? Цы дæ кæсы! Дæ пъирийыл цæуылнæ хæцыс!.. К а б а н о в а. Ды æгæр хъæртæ куы нæ кæнис! Æндæр искæйы бацагур æфхæрынмæ, мæнæй асламдæр! Æз дын 42
зегæр зынаргъ’ сыстдзынæн! Цæугæ, дæ фæндаг дар, каедæм цыдтæ,'уырдæм. Цом, Феклушæ, нæхимæ. (Сыстади.) Д и к о й. Фæлæу-ма, мæ сыхаг, фæлæу! Мæсты ма кæн. Дæ хæдзар дæр баййафдзынæ: мæлæты дард куы нае у. Мæнæ и! Кабанова. Кæд дæ исты хъуыддаг ис, уæд æй зæгъ, хъæртæ ма кæ, фæлæ. Д и к о й. Хъуыддагæй мæм ницы ис, фæлæ иостджын дæн, ностджын! К а б а нова. Æмæ дын ныр уый тыххæй арфæ ракæ- нон æви дæ цы фæнды? Дикой. Арфæ дæр нæ, фаугæ дæр нæ. Куы дын загъын: ностджын дæн. Æмæ цалынмæ хорз фæхуыссон, уæдмæ мын æндæр ницы уал хос и. К абанова. Гъемæ иæугæ æмæ ныххуыс! Д и к о й. Æмæ кæдæм ацæуон? К а б а н о в а. Уæхимæ, æндæр кæдæм! Д и к о й. Æмæ мæ кæд нæхимæ иæ фæндьь уæд та? Ка банова. Цæуылнæ дæ хъуамæ фæнда? Д и к о й. Уымæн, æмæ мæ хæдзары стыр хæст цæуы. Кабанова. Ау, æмæ ма дзы чи хæцы? Дæу йеттæмæ дзы хæцæг лæг куы нæ ис. Д и к о й. Гъе мæ цы, хæцæг лæг дæн, æмæ? Дæу дзы цы кæсы? Кабанова. Мæн? Ницы. Фæлæ дын тынг кад дæр нæу, уымæн æмæ дæ цæрынæй-хæрынмæ æдзух устытимæ тох кæныс. Дик ой. Гъемæ уæд хъуамæ уыдон мæ коммæ кæсой. Уæдæ куыд æнхъæл сты, æз кæсдзынæн уыдон коммæ? К а б а н о в а. Стыр дис дыл кæнын æз: дæ хæдзар адæ- мæй йедзаг, æмæ сеппæт иумæ дæ фаг нæ кæнынц. Д и к о й. Бæгуыдæр, гъе афтæ у! Кабанова. Цæй, цы дæ хъæуы мæнæй? Д и к о й. Цы мæ хъæуы, зæгъыс ? Исты ныхæстæ мын акæн, мæ маст куыд ссæуа, афтæ. Æгас горæты дæу йеттæмæ ни- чи зоны йæ ныхæстæй мæн æрфæлмæн кæнын. 43
Кябанова. Марадз,; Феклушæ, зæгъ, æмæ исты хæри- наг’ацæттæ кæной. ;;'/ Ф е к л у ш æ ацыди. Цом мидæмæ! Дикой. Нæ, æз мидæмæ нæ цæуын, агъуысты фыддæр кæнын. Кабанова. Цæмæй дæ смæсты кодтой, цæмæй? Д и ко й. Уый абон сæумæ райсом уыди. К а б а н о в а.; Æвæццæгæн та дæ исчи æхца куырдта. Дикой. Цыма дзырд бакодтой, цъаммартæ; абон дæргъы мæ куы иу, баййары, куы иннæ. Кабано ва/Хъæуы сæ, æмæ дæ уымæн баййардтой, æвæццæгæн. ! Дйкой. Æмбарын æй уый;фæлæ мæ конд афтæ у! Фæ- зонын æй мæхæдæг дæр, раттын сæ хъæуы, фæлæ сæ уæд- дæр дзæбæхæй раттын мæ зæрдæ нæ ^комы. Гъе ныр, зæ- гъæи дæуæй, мæ хæлар дæ, хъуамæдын сде раттон, фæлæ мæм куы ’рбацæуай — бафхæрдзынæн дæ. Дæттгæ сæ ра^ кæндзынæн, фæлæ æфхæрдимæ. Уый тыххæй, æмæ мын, æвæдза, æхцайы кой скодтай, — уайтагъд мæ хуылф ссудзы; уыцы-иу сыгъд скæны мæ хуылф; гъемæ уæд адæймаджы рæстæгæй дæр бафхæрдзынæн, ,; Кабанова. Никæмæй тæрсыс æмæ хынджылæг скъæрыс. Дикой. Нæ, мæ сыхаг, уый ма зæгъ! Фæлтау мæм байхъус. Цы митæ мыл æрцæуы,! у’ый дын радзурон. Стыр мархойы бонты ком куы дардтон ацыйаз, уæд дын мæм хуы- цау иу музуккаджы æрбахаста æхцагур: сугтæ мын фæ- ласта уый агъоммæ. <Фыдбылызау, дын, раст уыцы заман æрбацыдис! Фæрæднйын мæ кодта: алывыд ын фæкалдтон, бафхæрдтои æй, хуызДæр ма нæ уыдзæн, афтæ, чысыл ма бахъæуа, снæмон æй. Ахæм зæрдæйы конд мын и! Стæй дзы уый фæстæ та хатыр куырдтон, йæ къæхтæм ын бакуывтон, баууæнд мыл, раст афтæ. Æцæгæй дын зæгъыи, музуккагæн йæ къæхтæм бакуывтон. Уыныс, цытæ мын æвзарын кæны мæ зæрдæйы конд: раст ын уыцы ран, кæрты бæстастæу, цъыфы йæ къæхтæм бакуывтон; адæмы раз ын бакуывтон. 44
Кабанова, Æмæ барæй дæхи цæмæй смæстц ^сæныс? Уый, мæ сыхаг, хорз нæу. .' Дикой. Барæй та цы хоныс? Кабано’ва. Федтон æй, зонын дæ. Æвæдза; ис*щ дæм курæг æрбацæудзæн, зæгъгæ, уæд бавдæлыс æмæ раздæр дæхионтæй искæмæ фæвæййыс, мæсты цæмæй суай, уый тыххæй; уымæн æмæ йæ зоныс, мæсты куы уай, уæд дæм хæстæг ничи уал бацæудзæн. Афтæ гъе, мæ сыхаг. , Дикой, Гъе ’мæ цы? „Æрии зæгъын æнцон у. »гъа'ь зæгъыи зыи у. ’ !; ’ Гл а ш æ æрбацыди. Г л а ш æ. Марфæ Игнатьевнæ, хæринаг цæттæ у, ми- дæмæ рацæут! . Кабанова. Цæй, мэё сыхаг; мидæмæ рацу1 Саход нæ цæхх æмæ кæрдзынæй! чДикой. Уый дæр хорз, цом. Кабанова.'Табуафси!, (Дикойи йæ разæй ауагъгпа æмæ йæ фæдыл бацыда.) ( Гла ш æ, йæ къухтæ иу иннæйыл æвæрдæй, лæууы дуармæ. Г л а ш æ Цыма Борис Григорьич æрбацæуы. Кæд йæ фцды ’фсымæры агуры? Æви афтæ тезгъо кæны? Æвæц- цæгзен,- афтæ тезгъо кæны. | ’ Æрбацыди Борнс. III ФÆЗЫНД Глашæ, Борис стæй уий фæстæ К у л и г и и. Борис. Мæ фыды ’фсымæр сымахмæ нæй? Г л а ш æ. Махмæ ис. Исты хъуыддагæн дæ хъæуы? Б о р и с. Нæ, фæлæ мæ нæхицæй рарвыстой, кæм и, уый базон, зæгъгæ, Кæд сымахмæ ис. уæд уадз æмæ бада; чи дзы цы кæны. Хæдзары бинонтæ цинæй мæлынц, уым кæй нæй, ууыл. , Г л а ш æ. Махон йæ ус куы фæцадаид, уæд æй бæргæ 45
æрсабыр кодтаид. Уæууа! Мæнæ куыд лæууын демæ! Хæрз^ изæр у. (Ацыди.) . •' , Борис. Гъæй джиди, уæд та йæм æрмæст иунæг каст куы бакæнин! Хæдзармæ мын бацæуæн нæй, ам æнæ хонгæйæ нæ фæцæуынц. Гъе уый дæр, дам, дын цард, гъе!' Цæрæм иу горæты, не ’хсæн æрмæст цалдæр хæдзары, æмæ афтæмæй кæрæдзийы къуыри иу хатт кæнæфендзысгæм кæ- нæ нæ, уый дæр аргъуаны, йе та уынджы, цæугæ-цæуыны. Ам сылгоймагæн^моймæ ацæуын ингæнæй уæлдай нæу. (Ни- цы дзуры.) Фалтау æй æппындæр куы нæ уынин: æнцондæр мын уаид! æрмæст æм цæугæ-цæуыны бакæсын, æмæ уый дæр адæмы раз; адæм та иууылдæр сæ каст мах скæнынц. Адæймагæн йæ зæрдæ фæцæйтоны. Мæхи уромын дæр нал фæразын. Æндæр исчердæм ацæуын, атезгъо кæнан, зæгъгæ, æ мæ та — кæс æмæ ацы хæдзары дуармæ фегуырдтæн. Æмæ цæугæ та цæмæ кæнын æрдæм? Йæ феныны амал мын никæд æрцæудзæн, афтæмæй ма, мийаг, исты койтæ куы ацæуа уæд ын йæ цард сæнад кæндзынæн. Уæу, мæ- нæцы горæтмæбахаудтæн\ (Фæцæуы, амбæлди Кулигипыл.) Кулигин. Де ’зæр хорз, Борис Григорьевич! Тезгъо кæныс? Борис. О, уæдæ мын ахæм дзæбæх изæр агъуысты чи бады! Кулигин. Æцæг зæгъыс, иттæг хорз юæр скодта. Уæлдæф сьпъдæг, æнæ уынæр, Волгæйы фаллаг фарсы уы- гæрдæнтæй дидинджыты тæф цæуы, арв ныйирд и... Байгом æгæрон арр, стъалытæй Редзаг, Стгалытæп нымæц нæй, арвæн тл кæрон нæй. Цом-ма, Борис Григорьевич, булвармæ, иу цъиу тæхæг дæр дзы нæй. Б о рис. Цом! К у л и г и н Кæсыс, Борис Григорьевич, нæ горæты адæм цавæр сты, уымæ? Булвар кæнгæ скодтой, фæлæ йæм цæу- гæ ничи кæны. Рацæуынц æм æрмæ* т бæр-» гбон заман, æмæ уый дæр æрмæет афтæ гъе, сæ дарæстæ кæрæдзийæн 46
фенын кæнынмæ. Æнæуый дзы кæд фенай расыг приказ- нæйы, нуазæндонæй йæ хæдзармæ куы фæцæйлæсы, уæд, Мæгуырты, Борис Григорьевич, не ’вдæлы зæрдæйы дзæбæ- хæн рацу-бацумæ, уыдон æхсæвæй-бонæй куысты бын сты. Хуысгæ дæр суткæ кæд бакæной иу æртæ сахаты. Фæлæ хъæздгуытæ та цы ми кæнынц? Цæуылнæ тезгъо кæнынц, цæуылнæ рацæуынц сыгъдæг уæлдæфæй аулæфынмæ? Æв- дæлгæ дæр сæ куы кæны, фадат дæр сын куы ис. Фæлæ бæгуы-бæ! Афоимæ иууылдæр сæ хæдзæртты бадынц, сæ дуæрттæ гуыдырæй æхкæд, сæ куыйгы суагътой, афтæмæй... Ома, исты кусынц, кæнæ хуыцаум& кувынц, æнхъæлыс? Нæ, Борис Григорьевич. Стæй сæ дуæрттæ дæр къæрных- тæй не ’хкæнынц, фæлæ сæ хæдзары бинонты æдзух куыд æргæвдынц, куыд хъизæм^рæй сæ марынц, уый цæмæй адæм ма уыной, уый тыххæй. Уым бирæ цæссыгтæ кæлы, æттæ- мæ нæ зынынц æмæ нæ хъуысынц, афтæмæй. Æниу сæ дæуæн амонын хъæуы, Борис Григ^рьевич? Дæхицæй дæр æй хъуамæ’ зонай. Уым бирæ æнæгъдау митæ, бирæ хæлд хъуыддæгтæ цæуы, носты охыл! Фæлæ сæ ничи уыны, ничи сæ зоны, иу хуыцауæй фæстæмæ! < ’ма, кæсмæм адæмы ’хсæн уынджы; фæлæ мæ бинонты царды хъуыддаджы дæхи ма тъысс; уым, зæгъы, мæнæн ме ’ххуысгæнджытæ сты гуыдыр- тæ, æхкæнæнтæ, ,хъæхъаг куыйтæ. Бинонты цард та, зæгъы, сусæггаг, сæрæмбæрзт хъуыддаг у! Зонæм сæ мах уыцы сусæггаг хъуыддæгтæ! Уыцы сусæггаг хъуыддæгтæ хъæл- дзæджы хос æрмæст уымæн йæхицæн сты:. иннæтæн та се ’рдиаг цæуы. Æниу дзы сусæггагæй цы ис? Чи йæ нæ зоны! Сидзæрты мулкбахæр, хæлзары биионтæн сæ царм адау, цы мшæ кæнай, уыдон тыххæй хъыпп-сыпп скæнын куыд ни- чи уæнда, афтæ. Гъе уый дын йæ сусæггаг. Цæй, сæ хуы- цау сын æгъгъæд фод! Махмæ, Бэрис Григорьевич, цардæй исты чи уыны, уый зоныс? Лæппутæ ’мæ чызджытæ. Уыд^н сæ фынæйы рæстæгæй иу дыууæ сахаты ратонынц æмæ къæиттæ- къæйттæй тезгъо кæнынц. Мæнæдæр дын, дыууæахæм адæй- маджы. Æрбазындысты К у д р я ш æмæ В а р в а р.æ. Пъа кæнынц. 47
Бор и с. Уæртæ пъа кæныпц. Кули г и н. Уый махмæ диссаг нæу. ’ .' ’ Кудряш ацыди, Йарварæ сæ кулдуары ц>рмæ бацыд’ æмæ Борисмæ йæ’къух тилы. Р» о р и с æм бацыди. - IV ФÆЗЫНД В о р и с, К у л к г и н æмæ В а р в а р æ. К у д и г и н. Æз уад булвармæ цæуын, Борис Григо- рьевич. Цы уæ хъыгдарон? Уым дæм фæлæудзынæн. Борис. Хорз, æз дæр ныртæккæ фæцæуын. К у л и г и н ацыди. В а р в а р æ (йæ цæсгом кæлмæрзæнæй æмбæрзгæйæ). Кабановты цæхæрадоны чъылдыммæ цы æрх ис, уыйзоныс? Б о р и с. Зонын. В а р в а р æ. Чысыл’фæстæдæр-иу уырдæм рацу. Борис. Цæмæн? В арв а р æ. Цæй æдылы дæ! Æрбацу-иу, стæй йæ ба- зондзынæ. Цæй, цæугæ тагъддæр, дæумæ кæсынц. Б о р и с ацыди. ’ , Нæ мæ базыдта! Уадз æмæ асагъæстæ кæна. Катеринæ дæр æнæ рацæугæ нæ фæуыдзæн, уый мын цы зонын хъæуы. [Кулдуарыл мидæмæ бацыди.) ДЫККАГ СЦЕНÆ ÆХСÆВ. ÆРХ, КЪУДЗИТÆ ДЗЫ; КАБАНОВТЫ ЦÆХÆРАДОНЫ БЫРУ ÆМÆ ДУАР; УÆЛЕ ДÆЛÆМÆ КЪАХВÆНДАГ. I ФÆЗЫНД Кудряш (æрбацæуы гитарæимæ). Ам куы ничи ис. Цы ми кæны ныронг! Цæй, банхъæлмæуал æм кæсдзыстæм. (Дурылæрбадти*) Æмæ заргæ дæр акæндзыстæм. (Зары.) 48
Уæд, зæгъы,, хъазахъаг йæ бæх донмæ ку’ы радасы; Луармæ, зæгъы, куы рахæццæ вæййы, сахъ лæипу, , , Луармæ куы рахæццæ вæййы, хъуыдыгæ куы сисы,» н , ’ Хъуыдытæ куы сисы, йæ усьг куыд маодзæн. У,æд ык, зæгъы, йæ’ус’куы ныллæгъстæ кæиы, Йæ къæх’тæм ын куы ’ркувы йæ сæрæй: Уæ, мæ сæры хнцау, уæ, мæ уарзон лæг! Ма мæ амар, ма мæ байсаф изæрыгон! ’ Ды мæ ам,ф, ды мæ байсаф æхсæвыгон! Уадз æмæ уал бафьшæй уой нæ сабйтæ, Нæ сабитæ æмæ нæ хорз сыхæгтæ. ’ Æрбацæуы Борис. II ФÆЗЫНД ,К у д р я ш æмæ Б о р и с. К у д р я ш (йæ зард фæурæдта). Нæ кæсыс амæ дæр! Æнцад малы хæйрæг бады^ зæгъгæ, мæнгæн нæ ажæнынц. Б ’о р и с. Кудояш дæ/ цы? Кудряш. Æз дЬещ æз, Борис Григорьич! Б о р и с. Æмæ ам’цы ми кæныс? Кудряш.Æз? Хъуыддаг мæ ис, хъуыддаг, Борис Гри- горьич, уый йеттæмæ ам нæ уаии. Фæлæ ды га кæцæй фæдæ?м< , ’. ’ \' \ Борис (алы,рдæм акости). Хъус-ма, Кудряш: мæн ацы ран æхсы’згон хъуыддаг ис, фæлæ дæуæн та,. мæнмæ гæсгæ уæлдай нæу„ æмæ æндæр рапмæ куы ацæуис! Кудряш. Нæ, Борис Григорьич, ды, куыд кæсын, аф- тæмæй ам фыццаг хатт дæ, фæлæ мæпæы та мæ ахуыр бы- нат у, ф.ендаг дæр дзы æз снадтон. Æз дæ уарзын, Борис Григорьцч, (æмæ дын\ алцæмæй дæр кæсдæриуæг бакæндзы- пæн;- фæлæ ацы къахвæндагыл æхсæвыгæтгы куы иæ ’мбæ- ликкам, уæд хуыздæр уаид, на уæд, фæллойаг у не, ’хсæнис- ты фыдбылыз;æрцæуынæй. Æз дыи æй рагацау хъусынкæный. Борис. Цытæ дзурыс, цы, Ваня! Кудря’ш., Ванятæ-йеттæ ныууадз! Æз Ваня дæн, уый мæхæдæг дæр зонын, фæлæ ды дæ фæндаг дар, гъе уый дын 49 4 Лрвы нæ| ын.
уый. Ссэр дæхицæн, æмае-иу уæд йемæ бад,- ничи дын ни- цы зæгъдзæн. Фæлæ искæйуонмæ ма ’виал! Мохмæ аф^æтæ гæнæн нæй, кæннод дын лæппутæ нæ ныббардзысты. Æз мæхиокы сæрыл... æз ницæуыл фæфæстиат уыдзынæн! Ис- кæй фыд дæндагæй бахæрдъшæн! Б о р и с. Дзæгъæлы мæсгы кæныс; мæнæн мæ фæсон æрхæджы дæр нæй дæууонмæ æвналын. Æз ардæм цæугæ дæр не’рбакодтаин, куы нæ мын загътаиккой, уæд. К у д р я ш. Чи дын загъта? Б о р и с. Нæ йæ базыдтон, талынг уыд, æмæ. Иу чызг мæ баурæдта уынджы æмæ мын загъта, раст ацы ранмæ куыд æрбацæуон, афтæ, Кабановты цæхæрадоны чъылдым- мæ, къахвæндаг кæм и, уырдæм. Кудряш. Чи \ ыдаид, .цымæ, уый? Бор ис. Хъус-ма, Кудряш. Мæ хъуыддяг дын куы схъæр кæнон, уæд дæ дзыхыл хæцын базокдзынæ? Кудряш. Зæгъ æй, ма тæрс! Æз ингæнæй уæлдай нæ дæн. Борис. Æз амы ’гъдæуттæн ницы зонын; афтæмæй та мæ хъуыддаг тынг йæд у... Кудряш. Искæй бауарзтай, æви? Бо р и с. О, Кудряш. Кудряш. Æмæ цы! Уый хабар дæр нæу. Махмæ уыцы хъуыддаг бархийæ у. Чызджытæ сæ уарзæттимæ бадынц. р.-’цу- бацу кæным.ц, мад æмæ фыды ницы кæсы. Æрма^ст устытæв нæй ахæм бар, уыдон сæ хæдзæр!ты бадынц дуарæхкæдæй. Борис. Мæ замана дæр уый у, уый. Кудряш. Ау, æмæ моймæдзыд усы бауарзтай? Борис. О, Кудряш. Кудряш. Пыууадз уыцы хъуыддаг, Бэрис Григорьич! Борис. Иæ зæгъын æицпн у! Дæуæн, чи зоны, хъау- джыдæр нæу; ды иуы ныууа/лдзымæ æмæ инпæпы ссар- дзынæ. Фæлæ мæнæн мæ бон наьу афтæ! Æз иугæр искæй куы бауарз н, уæд... Кудряш. О, фæлæ йæ бабын кæндзынæ, бабын, Борис Григорьич! 50
Борис. Хуыцау бахизад! Хуыцау мæ уымæй бахизæд! Нæ, Кудряш, цытæ дзурыс! Куыд мæ бафæнддзæн мæн уымæн маст скæнын! Æз-иу æй æрмæст уынгæ куы фæ- кæнин, уæд мæ æндæр ницы хъæуы. Кудряш. Уый зын зæгъæн у, Борис Григорьич, афтæ нæ рауайы!Амы адæм та æнæхатыр сты. Куы сæ зоныс! Бахæрдзысты йæ, цæрдудæй йæ мæрдтæм барвитдзысты. Борис. Ма дзур афтæ, Кудряш, дæ хорзæхæй, ма мæ тæрсып кæ: Кудряш. Йæхæдæг та, йæхæдæг, уарзы дæ? Борис. Нæ зонын. К у д р я ш Уæддæр искуы уæ кæрæдзийы федтат æви нæ? Борис. Иунæг хатт сæм уыдтæн Савел Прокофьевичн- мæ. Феньн æй аргъуаны, булвары дæр амбæлæм. Эх, Куд- ряш, хуыцаумæ куы фæкувы, уæд æм куы бакæсис! Рас^æн дæр зæды хуызæн, æмæ йæ цæсгомæй та цыма рухс цæуы, уый хуызæн вæййы. Кудряш. Кабанопты чынлз ма уæд? Борис. Уый у, бæргæ, Кудряш. Кудряш. Гъе ’мæ цы кæпы! Æгайтма дæ хъуыддаг фæрæвдз и! Борис. Ома? Кудряш. Æмæ уæдæ цы зæгъыс! Иугæры дæ ардæм æрбацæуын кодта, — уа ддæ хъуыддаг конд у. Борис. Ау, æмæ мæ уый æрбацæуын кодтаид? Кудряш. Æмæ уæдæ, чи? Борис. Нæ, хъазгæ мæ кæныс! Нæ мæ уырны. (Йæ сæрмæ фæясебурдта ) К у д р я ш! Цы кодтай ? Борис Æз фыр цинæй сæрра уыдзынæн. Кудряш. Уандон нæу! Цис стыр хъуы;;даг дæм кæсы! Фæлæ хъахъæ, — на ун-д дæх^цæн маст скæндзынæ, уый та стыр’бæллæхы баф^аудзынæ’ Уæвгæ, пæ лæг уæдæюнд у, фæлæ йын йе ’фсины та стыр налат хопынц. В а р в а р æ разыидк цæхæрадоны дуарæй.
III ФÆЗЫНД Гъе уыдои аемæ В а р в а р æ, стæй та К а т е р и н æ, V :< В а р в а р æ (зары цæхæрадоны дуары раз). ’ Уартæ доны фале мæ Ваня хæты> I (;1 ’ Уым Ванюшкæ хæты..!. К у д р я ш (зары дарддæр). Æмæ цыдæртæ æлхæны. (Ныхсщпт кодтау.* Варварæ {къахвæндагыл дæлæмæ æрцыди æмæ, йæ цæсгом кæлмæрзæнæй бамбæрзгæйæ, Бо} исмæ хæстæг бацыди). Ам фæлæу, лæппу, исчи дæм зындзæни. (Куд- ряшжæ.) Цом Волгæйы ’рдæм. К у д р я ш. Цæмæн афтæ æрæгмæ? Æз нæ уарзын æн- хъæлмæ кæ.:ыя.'Куы мæ зоныс! ,. В а р я а р æ йæ йæ иу къухæй йæ хъæбысы æрбакодта, æмæ гфтæмæй ацыдысты. ','''.. Б о р и с. Раст цыма мæ фыны’, дæн, афтæ > мæм кæсы! (Ахæ’м æхсæв, зарджытæ, хъæбыстæ! Никуы федтонахæм дард, æмæ мæ’зæрдæ ба’рухс и, схъæлдзæг ’ и! -Мæиæ æз дæр; æнхъæлмæ кæсьш цæмæдæр! Фæлæ дæмæ’—уый мæ~ хæдæг дæр нæ зоным: æрмэест мæ зæрдæйьг гуыппгуыпп дæуы, ме уæнгтæ дыздыз кæиынц. Цы йын зæгъдзынæн, уымæн иицызонын, м<:е с<ёр зилы, мæ уæрджытæ мæ быны дыдæгътæ кæнынд! Ме ’дылы зæрдæ æваст куы рцфыды, уæд ын бауромæн нал вæййы. Уæртæ и. Катеринæ къахвæпдагыл æрцæуы ,сындæг, йæ уæлæ стыр урс кæлмæрзæн, йæ цæстыгæ зæхмæ уагъд. Ницы дзурынц. Уый ды дæ, Катеринæ Петровнæ? Ницы дзурынц; Афтæ бузныг дæ дæн, афтæ, æмæ йæ зæгъын дæр нæ фæразын. ч , , I Ницы дзурынц. , ’ 52
Куы йæ зонис;, Катеринæ Петроднæ, цас дæ уарзьш, уый! (Йæ кьухмæ йын бавналынмæ хъавы). '; \ , Катеринæ, (тарстхуызæй,. фæлæ зæхмæ, кæсгæйæ). Ма ’внал, ма мæм æвнйл! , '/V- Борйс. Курын дæ, мæсты ма кæн! ,, ; Ка’терн нæ. Ацу ардыгæй! Ацу ардыгæй, мæ фыдбылыз! Ацы,:тæригъæд мæнæн барст кæй нге уыдзæн, барст мын кæй никуы уыдзæн, уый нæ зоныс? М’æ зæрдæйæн дуры\ уæз куы кæндзæн, дуры уæз. Борис. Дæ хорзæхæй, ма мæ тæр! Катеринæ., Цæмæн æрбдцыдтæ? Цæмæн æрбацыдтæ, ; мæ сафæг?, Æз лæджы номыл куы дæн ацы хæдзары, мæ лаеджимæ мæцæрын куы хъæудзæн адзалы онг..: Борис. Дæхæдæг мын куы зæгъын- кодтай, æрбацу, зæгъгæ... ’ < , , ! ■ ^ • ’ • • ■ ( .,'',"' Катеринæ. Мæ ныхас мын бамбар, мæ фыдгул: ад&злы бонмæ, зæгъгæ/дын куы зæгъын! ,( ’ - ■ . Борис. Фæлтау дæ куы нæ федтаин! Катерннæ. Мæнæ цы ми кæньш мæхицæп... Мæ бынат кæмуыдзæн, кæм, уый зоныс? ^ Б’орис. Басабыр у, дæ хорзæхæй! (Йæ къухыл ын ныххæцыд:) Æрбад-ма1 Катерин^е., Мæ худинаг æмæ дæм мæ фесæфт хорз цæмæн кæсынц? ,' ; Б о р и с: Уый та куыд загътай? Зæххыл мын дæуæй зынаргъдæр куы ницы ис, æз дæ мæхи удæй дæр фылдæр куы уарзын! , . _ "■ . ’ ■■ ’ < Катеринæ. Нæ, нæ! Дц мæ сафæг дæ! ,Б р р н с. Уанцон иæу, бæсты иалат æз дæн исты? К а ,т ё.р и н æ [йæ сæр тилгæйæ), Фесæфтай мæ, фе- сæфтай/фесæфтлй! ’ , Б о р и с. Хуыдау бахизæд! Фæлтау у’адз æмæ мæхæ- дæг. фесæфон!, К а’’те р и нш. Куыпиæ дæ мæ сафæг, æхсæвыгои æз дæу тыххæй мæ хæдзар куы ныууагътон æмæ дæм ардæм куы рацыдтæн, ,уæд? , 53
Б о ’р и с. Бар дæ уыдис, куы нæ рацыдаис, уæддæр. Катеринæ. Нæ мæ уыдис бар, нæ. Уый йеттæмæ æз ардæм нæ рацыдаин дæумæ, (Йæ цæстытæ уæлæмæ сас- та æмæ кæсы Борисмæ.) Иу цъусдуг ницы дзурынц. Ныр æз æгасæй дæр дæу бар дæн, нæ йæ уыныс! (Бо- рисы æфцæджы ныттыхсти.) Борис (хъæбыс кæиы Катеринæйæп). Мæ дунейы рухс! Катеринæ. Цы, уый зоныс? Гъе ныр мæм æвиппайды мæлын æрцыдис! Борис. Мæлгæ та цæмæн, нæ цард афтæ адджын кæм у, уым? К а т е р и н æ. Нæ, æз бирæ нæ фæцæрдзыиæи! Зонын æй, нæ фæцæрдзынæн. Борис. Ахæм ныхæстæ ма кæ, дæ хорзæхæй, мæ зæр- дæ мын ма риссын кæ... Катеринæ. Дæуæн циу, ды сæрибар дæ, фæлæ æз та!.. Борис. Мах нæ кæрæдзийы уарзæм, уый зонгæ дæр ничи бакæндзæн. Ау, æз дæуæн куыд нæ фæтæригъæд кæн- дзынæн! Катеринæ. Цæй, уыдæттæй ницыуал... мæнæн тæри- гъæд кæнын дæр нæ хъæуы, ничи мын уыд, — мæхи аххос у. Æппындæр мын ма тæригъæд кæ! Уадз æмæ йæ адæм иууыл- дæр зоной æмæ уыной мæ худинаг! (Хъæбыс кæны Боры- сæн.) Иугæр æз хуыцауы раз тæригъæдæй кæм нæ фæтарс- тæн, дæу сæраппонд, уым ма адæмы ныхæстæй цытæрсон? Афтæ фехъуыстон, æмæ, дам, уæлæуыл йæ тæригъæдты тыххæй тухитæ чи бавзары, уымæн, дам, йæ хъаймæты бон æнцондæр вæййы. Б о р и с. Уыдæтты кой уал ныууадзæм, æгайтма нын ныр- тæккæ хорз у! Катеринæ. Æцæг зæгъыс! Мæты бонтæ æмæ мын кæуыны бонтæ бирæ уыдзæни. 45
Борис Мæ уд мын ауайын кодтай; куы мæ атæрай, зæгъгæ, фæтарстæн. Катеринæ (йæ мидбыл бахудгæйæ). Дæу атæрын!Куын- нæ стæй! Кæй зæрдæ баюмдзæн! Ды куы иæ фæзындаис, уд?д дæм, цыма, мæхæдæг ацыдаии, афтæ мæм кæсы. Борис. Ды мæн уарздзынæ, уый æнхъæл пæ уыдтæн æз.( К а т е р и н æ. Рагæй дæ уарзын Раст цыма, ме ’намондæн æрбацыдтæ ацы горæтмæ... Куыддæр дæ федтон, афтæ мæ зæрдæ ныссæххæт ласта. Афтæ мæм кæсы, æмæ мæм ды гъе уыцы фыццаг сæмбæлдæн д^рде къух куы фæтылдта- ис, уæд, цыма, уайсахат де фæдыл араст уыдаин; кæдæм- дæриддæр ацыдаин дæ фæдыл, фæстæм е д-ер нæ фæкас- таин, Борис. Дæ лæг бирæ фæуыдзæни балцы, æви? Катеринæ. Дыууæ къуырийы. Борис. А-а, уæдæ уæд хорз! Дыууæ къуырийы чысыл не сты. К ат е р и н æ. 11ыр уал хорз уыдзæн. Стæй уæд... (аджах и) дыуæрттæ мыл гуыдырæй куы сæхкæной,—уый мæлæ- тæй дæр фыддæр уыдзæн! Кæд æмæ мыл нæ сæхкæной, уæд ма исты амал ссардзынæн дæу фенынæн! Æрбацыдысты Кудряш æмæ Ьарварæ. IV ФÆЗЬШД Гъе уыдон, стæй К у д р я ш æмæ В а р в а р æ. В а р в а р æ. Гъы, куыд у, бафидыдтат? К а т е р и н æ æфсæрмæй йæ цæсгом Б о р и с ы риуыл амбæхста. Борис. Бафидыдтам. Варварæ. Цæут æмæ уал атезгъо кæнут, мах уæм ам фæлæудзыстæм. Куы хъæуа, уæд уæм Ваня ныхъæр кæн- дзæн. Б о р и с æмæ К а т е р и н æ ацыдысты. К у д р я ш æмæ В а р в а р æ дурыл æрбадтысты. Кудряш. Хъæбæр хорз æрхъуыды кодтат, цæхæрадо- ны дуарыл цæуын. Махæн уый тынг æнцон у. 55
Вдрэарæ. Уый æз’уыдтæн, æз. , , ';< ’Куд.ряш. Æрхъуыдымæ дæу чи амбулдзæн! Фæлæ,!]1' дæ мадл’а, нæ уæ агурдзæн? : • ; Варв’арæ. Нæ!,|Цæм'æн хъуамæ? Йгё фæсонæрхæджы. дæр не’ ’рæфтдзæн ахæм хъуыды. • | ’ • ’ ■ Куд.ряш. 0,'мæ, мийаг, фыдбылызау?.. ’ Варварæ. Уый .изæрæй тарф фыкæйгæнаг у. Фæлæ, |. ббнырдæм, æцæг/райхъал вæййы. Кудряш. Цьгбазонай! Фыдбылызау, мнйаг, куы рабада! Ва рварæ. Æмæ уæд цы! Кæртæй цæхæрадонмæ цы ’’ дуар цс, уый æхкæд у, йæ дæгъæл йæ хуылфы3цæхæрадо- ны ’рдыгæи; дуар æрэахостытæ кæндзæн æмæ фæстæмæ а:)-1 - дæхдзæн.Æмæ нæ райсом куы фæрса, уæд ын зæгъдзыс- , тæм, .фынæй уыдыстæм æмæ ницы фехьуыстам, зæгъгæ. Стæй Глашæ дæр хъахъæны, гыццыл дæр ахæм нсты, уæд нæм радзурдзæн. А4ах дæр тæрсæм, ’ тæрс«ззм, уæдæ куыд’ æнхъæлыс! Масты бахауынæн бирæ нæ хъæуы. Кудряш гитарæйыл æрцамыдтыгæ кодга, æнзарæгау. Ва.рйа ргс: К у ,д р я ш ы уæхскыл ’йæхи æруагъта, ф’æлæ К у д'р;я ш уæддæр- сабыргай цæгъды.\ ,,: ’1 , Варва рæ (зæмбгæйæ). Ныр, цал сахаты у, уый бпзон! ,. Кудряш. Фыццæгæм сахат. ,, ,- , ; Варварæ. Цæмæй йæ зоныс? Кудряш. Стъороз йæ фæйнæг хоста., В а р в а/р æ (зæмбгæйæ). Афои у. Ахъæр-ма сæм кæ. Райсом раздæр рацæудзыстæм æмæ уæд фылдæр’ абаддзьк- тæм йумæ. , • ’ Кудряш (æхситт /ауны æмæ хъæрæй зары). Адæм цæуынц, адæм цæуыиц, . ’ ’ Фæлæ мæн нæхимæ нæ фæнды. Б о р и с* (сценæйы чъйлдымæй). Фехъуыстоп! ;В а р в а р æ (сыстади). Цæй, хæрзæхсæв!,(3æ./##ь/, стсгй Кудряшæн пъа кæны, рагæй зонгæйæн куыд фæиъакæнынц^ афтæ). Райсом-иу раздæр æрбацæут, хъусыс\ (Кæсы, Борис семсе Катёринæ кæцырдæм ацыдысты, уыцы урдæм.) Цæй^ 56
æгъгъæд уын у, ныууадзут уал, абри уæ буц митæ;;райсом дæр та фендзыстут уæ кæрæдзийы..1 (Зæмбы æмæ Асе уæнг- тæ ивазы.) : , Æрбазгъордта К а’т е р и н æ, йæ фæдыл та Б о р и с. V ФÆЗЬШД Кудряш, Варварæ,, Б/орис æмæ К а т ’е р и н æ. Катеринæ (Варварæмæ). Цæй, цом, цом! (Кьахвсен-, дагыл уæлæмæ^’фæцæуынц. Катеринæ фæстæмæ фæкастиЛ Хæрзæхсæз! , ■" , • ■ < ; Борис. Амæй сом изæрмæ! Катери’нæ. О, о, сом изæрмæ! Дæ фыны цы фенай, уый мын-иу радзур! (Цæхæрадоны дуармæ бахæццæ ис.)1 [ Б о р и с. Хорз, хорз! К у д р я ш (:трыу гитарæиæ цæгьдгæйæ). Хъастæн, худтæн афон зон, Изæрталынг — йæ кæрон! Афтæ мæ хур, афои зон, Изæрталынг — йæ кæро н. /Вараарж., Æз та уæдæ боны цъæ.хмæ,— Уый у мæнæи мæ ^фои, Афтæ, мæ хур, боны цъæхмæ,— ; , Уый у мæнæн мæ афон. • К у л р я ш. Куыддæр еæуæхсид æссудза, Мæнæн мæ цыд хъæмæ у æмæ аф. д.
ЦЫППÆРÆМ АРХАЙД СЦЕНÆЙЫ РАЗÆЙ НАРÆГ ТЫРГЪ. ХÆЛЫН ЧИ БАЙДЫДТА, АХÆМ РАГОН ХОРЗ АГЪУЫСТЫ КЪУЛТИМÆ. РАНÆЙ-РÆТТЫ КÆРДÆГ ÆМÆ КЪУДЗИТÆ, АРКÆТЫ ФÆСТК ЗЫНЫ ВОЛГÆЙЫ ДОН ÆМÆ ЙÆ БЫЛТÆ. I ФÆЗЫНД Цалдæэ адæймэджы, нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ, тезгъогæнажы- тæ, фæцæуынц аркæты чъылдыммæ. 1-аг. Æртæхтæ кæны, арв та цæлхъытæ ма райдайа? 2-аг. Хъуамæ райдайдзæн. 1-аг. Æгайтма дзы уæддæр, уарынæй кæм бамбæхстæуа, ахæм бынат ис. Сеппæт дæр тыргъмæ æрбацыдысты. С ы л г о й м а г. Булварыл адæмæй къух бакæнæнтæ нæй! Бæрæгбон у, æмæ иууылдæр рацыдысты. Къупецты устытæ сæхи куыд сарæзтой! 1-аг. Искæмыты сæхи бааууон кæндзысты. 2-аг. Кæс-ма-иу, кæддæра ам цас адæм æрæмбырд уаид! 1-аг (къултæм кæсгæйæ). Ацы къултыл кæддæр нывтæ фыст уыдис, сыгъдæгæй. Мæнæ мз дзы ранæй-рæтты бæ- рæг у. 2-аг. Бæгуы, бæгуы уыдис дзы нывтæ конд. Ныр уыныс, агъуыст заууатмæ æрцыди, гæныстон фæци. Куы басыгъ- ди, уæдæй ардæм æм зилæг нал ис. Уæвгæ ды уыцы сыгъд нæ хъуыды кæндзынæ, ууыл иу дыууиссæдз азы цæудзæн. 1-аг. Цымæ дзы цавæр нывтæ конд уыдаид? Ныртæккæ зын равзарæн уыдзæн. 58
2-аг. Уый зындоны ныв у. 1-аг. Зындон, зæгъыс? Диссæгтæ! 2-аг. Æмæ йæм цæуынц алыхуызон адæм. 1-аг. Афтæ, афтæ, ныр æй æмбарын. 2-аг. Мæгуырæй, хъæздыгæй — иууылдæр. 1-аг Негртæ дæр? •2 аг. О, негртæ дæр. 1-аг. Уæд мæнæ уый та циу? { 2-аг Уый та Литвайы æрбабырст æвдисы. Хъазуат хæст!—уыныс? Махонтæ Литваимæ куыд хæцыдысты, уый. 1-аг. Æмæ Литва та циу? 2-аг. Уый Литва у, æндæр иицы. 1-аг. Æз афтæ фехъуыстон, цыма ныл уыцы Литва уæ- лæрвтæй æрхаудта. 2-аг. Æмæ гъа!.. Чи зоны, уæларвæй дæр уыдаид. Сылгоймаг. Уæларвæй, уæдæ кæцæй! Уый алчи дæр зоны; йемæ кæмыты хæцыдысты, уыцы рæтты та обæуттæ амад ис, ма ферох уа, зæгъгæ. 1-аг. Æмæ куыд зæгъыс, ме’фсымæры хай! Раст афтæ у афтæ. Æрбацыдысты: Д и к о й æмæ йæ фæдыл К у л и г и н æчæ худæй. Сеппæт .аæр Дикойæн сæ сæртæй акуывтой æмæ æнцад лæууынц, сæ ныхас фескъуыдтой. II ФÆЗЫНД Фыццæгтæ, стæй Д ик о й æмæ К у л и г и н. Дикой. Кæсыс^ куыд ныддонласт дæн. (Кулигинмæ.) Ныууадз мæ, дын зæгъын! Ныууадз мæ,1 (Мæспыйæ.) Æдылы къ-лша! Кулиги н. Йарæби, Савел Прокофьич, хорз хъуыддаг у, нæ горæты цæрджытæй алкæмæн дæр пайла уаид. Дйкой, Атте у, дын зæгъын! Цавæр пайда! Кæй хъæуы уыцы пайда? К у ли гин. Мæ ныхас аипп ма уæд, фæлæ дæуæн дæхи дæр хъæуы, Савел Прокофьич. Мæнæ йæ булвары лæгъзы 59
сæвæрйккам. Иæ хардз та.’цас у? Хæрз чысыл хардз: дурæй •} конд цæджындз (къухæй амоны, алы дзаума дæр цæй ас \ уыдзæн, уый), — æрхуы фæйнæг, афтæ тымбыл ’арæзт, стæй •', фат, æмраст фат (амоны къухæй), хæрз хуымæтæг конд. Æъ сæ мæхæдæг сæвæрдзынæн, куыд хъæуы; афгæ, цифрæ’- тæ дæр ыл мæхæдæг скъахдзынæн. Æмæ-иу, мæ ныхас аипп ма уæд, фæлæ тезгъо кæнгæйæ, ды, кæнæ ■ æндæр исчитæ дæр, бацæудзыстут æмæ, цал сахаты у, уый уæхи цæстæй фендзыстут. Кæннодæ ай хуызæн рæсугъд ран, æмæ цыма афтид у... нæ горæтмæ æттагон адæм дæр æрбафтыпц, уы- цы ранмæ бацæуынц, æмæ æгшып мацы фод, фæлæ уæд- дæр та — фидауцы хос, адæймаджы цæст цæуыл æрхæца, уый дзы уыдзæнис. Дикон. Ныр мæ цы баййардтай! Кæд мæ демæ дзурын дæр нæ’ фæнды, ,уæд та? Дьг хъуамæ раздæр бафарстаис, де ’нæзонд ныхæстæм хъусын мæнæн мæ зæрдæ зæгъы æви нæ. Исты ме ’мсæр дæ! Ссардта мын æхсызгон хъуыддаг. Афтæ уыцы-иу тард æрбакæны йæ хæмхудтæ, æнæ бафæрс- гæйæ. Кул и ги н. Мæхи хъуыддаджы тыххæй ,цæм куы дзу- рин, уæд аххосджын чи у, уый æз. Фæлæ æхсæны иайдайыл куы дзурын, Савел Прокофьич. Æмæ æхсæны хт>уыддагæн иу тумаи раттын цас зын у! Фылдæр та йын уæврæ нæ бахъæудзæн. , , ’ \ : ’ , Дикой. Чи дын цы зоны; кæд уыцы туман бахæрыпмæ хъавыс, уæд та! Кулигин. Æмæ мæ уды фæллой дæр ма куы нæ ны- майын, уæд дзы цы бахæрдзыиæн, Савел Прокофьич? Мæн ам алчи дæр зоны;æмæ дын мæнæй æвзæр ничи зæгъдзæн. Д ико й. Гъе’мæ дæ зонæнт, — мæнмæ дæ хуызæттæ ны- мады дæр не сты. Кулигин. Хуыцауы ницæуыл раст лæджы цæмæн æф- хæрыс, Савел Прокофьич? Д г, к о й. Уый мæхи’ хъуыддаг у! Мæи афтæ фæнды, æндæр мур дæр ницы. Адæмы цæсты сих дæр фест, æз та дæ хуыснæг хондзынæн, кæд мæ нал уадзыс, уæд. Дæхи- 60
цæн мæ уый, агуырдгай, ■ нæ? Гъемее мæм ’ ныр йъус! Æз дын афтæ г.сгъын, æмæ ды хуыснæг дæ! Гъе ныр’мæ дæ фыдæх уæд! Цы мын бакæнинаг дæ? Судмæ бадæттдзынæ? 'Уæд.дын æй æз рагацау зæгъын, мæ’разы ды уаллонæй уæлдай нæ дæ. Куымæ бафæндЬ, уæддæ ацъæл кæндзынæн. К у ли г и н. Хуыцау дын æгъгъæд фод, Савел Проко- фьич!Æз гыццыл лæг дæн, æмæ мæн бафхæрын днссаг нæу. Фæлæ дын æз дæр зæгъдзынæн: бызгъуыр дзауматы бын дæр хорз зæрдæ вæййы, æмæ уый хъудмæ æгад ма уа.. , ’ Д и к о й. Æгæртæ мæм ма уæнд дын зæгъын! ХъусысС , ■ К у л й г и н. Æз ахæмæй ницы зæгъын, Савел Пррко- фьич; æз дæ’м уый тыххæй хатын/ æмæ кæд, мийаг, искæд боннæ горæтæн дæ цæст исты’ бауарзид. Дæ бон бирæ ;у> Савел Прокофьич, куы.дсг бафæнда, уæд, Зæгъæм мæнæ æндæр хъуыддагæй дæр: арв нæм арæх цæваг у,, æмæ 'Яфтæ’мæй ныронг,арвы цæф здахæнтæ ие скодтам. Дикой (схьæл хуизсей). Уыдон дзæгъæл ныхæстæ сты! Кулигя н. Куыд дзæгъæл ныхæстæ сты, ахуыргæндтæ сæ æвзаргæ дæр ма куы оакодтой. Д и к о й. Уыдон та.ма.дын цавæр арвы цæф здахæнтæ сты? ,К у, л и г и н. Æндопæй конд. Дикой (мæсты кæнгæйæ). Æндæр ма? К у л и г и н. Æ -!Дон лæдзджытæ. Дикой (тынгæй-тынгдæр мæсты кæнгæйæ). Уый фехъуыстон, мард’дыл æрцæуа; фæлæ ма æндæр цы? Лæдз- /джытæ-лæдзджытæ, кæны! Æ-«дæр ма цы, æндæр? * - , К у л и г и н. Æндæр ницы. Д и к о й. Æмæ арв куы ныццæвы, уæд уый цы вæййы дæумæ гæсгæ? И? зæгъма! К^ у л и г и и. Электр вæййы. ■ Дикой (иæ къах æртъæпп кæнгæйæ). Уый та ма цавæр лелеккыр у! Æцæг хуыснæг куы дæ, ай! Арвы цæфæй хуыцау мах æфхæргæ фæкæны, рох æй цæмæй нæ кæнæм, уый тыххæй, ды та дзы, табу йæхицæи, лæдзджытæй æмæ давæрдæр хъилтæй дæхи баиргъæвынмæ хъавыс. Æнæ 61
хуыцау дæ ды, æви цы? Тæтæйраг дæ? И, зæгъ-ма! Тæ- тæйраг дæ? К у л и ги н. Бахатыр кæ, Савел Прокофьич, фæлæ Дер- зкавин афтæ загъта: Мæхæдæг сыджыты æчб’’йыи, Мæ зондæй æрстимæ хæцын. Ди ко й. Уыцы ныхæсгы тыххæй дæ æз хицæуттæм куы алæсын кæнин, уæд дын уыдон бацамсниккой1 Гъæй, хорз адæм! Хъусут-ма, мæнæ цытæ дзуры! Кулигин. Чыууадзон мæ ныхæстæ, æндæр гæнæн нæй. Фæлæ, мæнæ мзехимæ милуан сомы куы уа, уæд фендзыс- тæм, (Йæ къух ауыгыпа æмæ ацыди.) Дикой. Æмæ давгæ ракæндзынæ искæмæй, æви? Хæцут ыл! Ахæм ма налат музуккаг уыдзæн! Цы ’взагæй хъуамæ дзура лæг ахæм адæй^агимæ? Бæллæхы фæдæн, бæллæхьь (Адæммæ дзургæйæ.) Сымах хуызæн цъаммартæ дзуары дæр фæрæдийын кæндзысты. Мæхи нымæры загътон, абон уæд- дæр не смæсты уыдзынæн, фæлæ мæ нæ ныууагъта æнæ смæсты гæнгæ. Дæлдзæх фæуа! (Мæстыйæ.) Банцади уарын æви нæма? 1 1-аг. Æнхъæл дæн, банцади. Дикой. Æнхъæл дæн! Марадз æмæ æттæмæ акæс, æвзæр! Æнхъæл, дам, дæн. 1-аг (апътæмæ ахизгæйæ). Еанцади! Ди к о й ацыди, гтæй йæ фæдыл иннæтæ дæр. Сц"нæйы иу дзæвгар рæстæг пичп уал ис. Уый фæстæ тагъд-тагъд æрбиуади Н а р в а р æ æмж æмбæхаæйæ, ракæс-бакæ^ кæны, III ФÆЗЫНД Варварæ æ\ æ фæ« тæдæр Б о р и с. Варварæ. Æнхъæл дæн, уый у! Б о р и с фæцæуы æттозты. Сс-сс! Борис фæаæмæ фæкасти. Рацу-ма ардæм. (Йæ къгхæй йям си)ы.) Б о р и с æрбацыди, 62
Катеринæйæн ма цы бакæнæм, дæ хорзæхæй? Б о рис. Æмæ цы кодта? Варва рæ. Замана ’мæ стыр фыд. Йæ лæг ссыди, уы# фехъуыстай? Æнхъæл ын нæма уыдыстæм, афтæмæй ссыди. Борис. Нæ, æз ницы фехъуыстон. В а р в а р æ. Æмæ Катеринæ æппындæр йæхи хуызæн нал у Борис. Уæдæ, мæ амон*к дæс боны йеттæмæ нæ ахаста^ цалынмæ уый ам нæ уыд, уæд.мæ. Кæцæй ма йæ фендзы- нæн æз ныр! < Варварæ. Мæнæ цы и, мæнæ! Æз дын цытэе дзурын? Зырзыр кæны, цыма йыл т.ефсæг стыхджын и, уыйау; йæ хуыз фæлыгъди, агъуысты къуымты катай кæны, цыма ис- ты агуры, уыйау. Йæ бакаст æррайы хуызæн! Абон-райсом та кæуынмæ фæци, æмæ йын бауромæны мыккаг нал уы- дис Уæ хуыцау, цы ма йын кæн<ш ныр? Б о р ис. Кæд чысылгай æрсабыр уяид! В а р в а р æ Æнхъæл нæ дæн. Тихонмæ бакæсын дæр нæ уæнды Ннна йæ æмбарьш байдыдта, æдзухдæр æм йæ цæс1ы зул дары, калмы цæстæй йæм кæсы растæндæр; æмæ Катя та уæд фыддæр кæны. Тæригъæдæй мары! Стæй йын æз тæрсгæ дæр кæнын. Борис. Тæрсгæ та цæмæй? В а р в а р æ. Ды йæ нæ зоныс! Æнахуыр адæймаг у. Цы нæ ра æндзæн иу ахæм ын нæй. Б о р и с. Уæу, мæнæ бæллæх! Æмæ йын, уæдæ, цы бачындæуа? Уæд та ма йемæ баиыхас кæи дзæбæх. лу, дзырд æм нæ хъары, дзырд? В а р в а р æ. Афæлвæрдтон, Хъусгæ дæр нæ кæны. Сдзырд æм нал и æппындæр Б о р и с. Æмæ йын уæддæр цы ракæнынæй тæрсыс? В а р в а р æ. Цы, к\ы зæгъай, уæд, мийаг, йæ лæджы раз йæ зонгуытыл куы ’рхауа æмæ, цыдæриддæр уыдис, уыдон куы ридзура. Б о р и с {пг^рст хуызхй). Ау, уый та куыд? 63
В а.’.р в а р æ. Ахæмд, радзурдзæн сæ. Б!о р и с. Ныр кæм и, ныр? ! В а р в а р æ. Ныртæккæ Тихонимæ булвармæ ацыдысть^1 нана дæр семæ. Цу ды даер уырдæм, кæд дæ фæнды,, уæд, -Уæвгæ, ма ацу, кæннод, мийаг, бынтондæр куы фæсонт уа; ’, ’’ Дардæй ’хъуысы арвы цæфтæ. Арвы нæрын мæм цыма æрбайхъуыст. (Æттæмæ ракасти.) Уарыи дæр, байдыдта, Уартæ адæм æрбакæлынц ацы ’рдæм. Дæ разы уым искуы бамбæхс, æз та ам слæудзынæн, куыд мæ уыной, афтæ; на уæд нæ, мийаг, исгы куы фенхъæлой. Æрбацыди Цалдæр адæймаджы, нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. • ’ ( ’ IV ФÆЗЫНД Алыхуызон адæм, стæй уæд Кабанова, Каба но в, Катер и’н æ æмæ К у л и г и н. • , 1-аг. Ацы ус, æвæццæгæн, тынг тæрсы арвы нæрынæй, цы згъорд кæны æмбæхсынмæ. Сылгоймаг. Уымæй бамбæхсæн ис? Дæ нывы конды цы уа, уый дыл кæмдæриддæр æрцæудзæн. Катеринæ (æрбазгъордта). Уæу, Варварæ! (Йæкъух- мæ йын фæлæбурдта æмæ йил фидар хæцы.) Варварæ. Ма тæрс, цавæр у! Катеринæ. Мæ мæлæт æрцыд! , В а рв ар æ. Дæхиуыл фæхæц иу чысыл! Исчи афтæ кæны! , Катерйнæ. Нæ! Мæ бон нæу. Мæ бои нал у. Мæ зæрдæйы рыст не ’нцайы. Кабанова (æрбацæуы мидæмæ). О, бæгуыдæр, цæ- рын афтæ хъæуы, æмæ кæддæриддæр цæттæ куыд уай ал- цæмæ дæр; уæд дзы уыцы тарст дæр нæ уаид. Кабанов. Æмæ йæм цавæр уанæбæрæг тæригъæдтæ уыдзæн, нана: махмæ неппæтмæ цы ис, уыма? дæр уый;фæ- лæ æрдзæй афтæ фæци, тæрсаг. Кабанова. Цæмæй йæ зоныс? Зæрдæйæ-зæрдæмæ нык- кæсæн иæй. 64
Кабанов (хъазгæйæ). Кæд,,мийаг, æнæ мæн ’йсты, уый йеттæмæ, йæм/цыма, мæ разы ницы уыди... ’, ,' Л Кабанова.' Чи зопы, æмæ æнæ дæу. , ’, , , Кабанов’ (хъазгæйæ). Катя, мæ хур, зæгъ æйфæлтау, кæд истæмæй фæрæдыдтæ, уæд. Уæддæр æй мæнæй нæ ба- сусæг кæндзынæ, нэе, нæ! Мæнæн алцы дæр зындгонд у!, 'Кат/еринæ '(комкоммæ кæш Кабановмæ). Мæ уды гага! , . Варварæ. Ныр æй цы баййардтай! Нæ йæ уыныс, æнæ, уый дæр йæ уд тыхст кæй’ у, уый. • Б о р и с адæмæй рахицæн æмæ К а б а н о в æ н лæ сæрæй акуывта. Катеринæ (хъæрæй). Уæууау! Кабанов. Цæмæй фæтарстæ! Исчи йæ фенхъæлдтай? Нæ зоигæтæй у! Савел Прокофьич дзæбæх у? Борйс. Дзæбæх у, хуыцауæй бузныг! Катеринæ {Ларварæмæ). Цы ма йæ хъæуы, мæнæй? Æви йæм æгъгъæд нæ кæсы, æз а’фтæ’кæй хъизæма’р кæ- нын, уый. (Варварæйыл, банцой кодта æмæ тынг кæуы.) Зарварæ (хъæрæй, мад æй куыд хъусц., афтæ). Мах нæ сæрæн нал стæм, цы ма йын акæнæм, уый нæ зонæм, æмæ ма ,нæ афтæмæй æцæгæлон ’ адæм тыхсын кæнынц. (Аивæй Цориса?н амоны, æмæ уæд уый æттоз ацыди.) К у л й г и н (астæумæ рацæугæйæ, дзуры адæммæ). Ныр цæмзей тæрсут, зæгъут-ма, уæ- хорзæхæй! Ныр алы халсар, алы дидмнæг дæр цин кæны, мах та æмбæхсгæ кæнæм, нæ уд, ’фаехауди, цыма исты фыдбылыз у, уыйау! Арв, дам, нæ æрцæвдзæн æмæ амардзæн! Цæмæй дзы тæрсæм? Уый хуы- цауы курдиат ^ъуыддаг куы у! О, курдиат хъуыддаг! Ал-' цæмæй та тæрсгæ кæнут! Цæгаты арвыл уыцы диссаджы ^æрттыв^'куы фæзыпы, уæд æм хъуамæ нæ зæрдæйы дзæ- бæхæн к^есæм, хъуамæ дзы нæ зæрдæ рухс кæна. Сыма- хæн та уæ уд фæхауы, æмæ хъуыдытыл ахæцут, хæстмæ ]|ын рацæудзæн æви истыхуызон рынмæ, зæгъгæ. Кометæ куы фæзыны — рæсугъддæр ма цы уа уымæй, кæс æмæ йæм 5 Арвн и;грын. 65
кæс #æ зæрдæйы рухсæн! Стъалытыл нæ цæст сахуыр ис>„, æдзух дæр уыцы-иутæ, уый та ног цыдæр; гъемæ йæм кæс,\ дæ зæрдæ цасдæриддæр зæгъы, уыйас. Фæлæ сымах та арв-' мæ скæсыи дæр нал фæуæндут, зырзыр кæнын байдайут! Алцæмæй дæр уæхицæн тæрсæнхостæ скодтат! Йе-уæууæй, гъе! Уæдæ æз цæуылнæ тæрсын, и? Цом, Борис Григорье- вич! Борис. Цом! Ам фыддæр у! Ацыдысты. V ФÆЗЫНД Гъе уыдои та, æнæ Б о р и с æмæ Кулигинæ й. Кабанова. Нæ йæм кæсут, цы ныхæстæ кæны! Хуыз- дæр ма цæмæ байхъуса адæймаг! Цы рæстæг скодта, æвæ- дза, цы зондамонджытæ фæзынди, уæдæ! Зæрæдтæ афтæ дзурыи кæм байдыдтой, уым ма фæсивæдæй цы агурæм! Сылгоймаг. Кæсут-ма, арв иу>ылдæр сæхкæдта. Раст Ыл цыма худ æрчынди. 1-аг. Кæс-ма, кæс, сау мигъ куыд здыхтытæ кæны, раст цыма йæ хуылфы удæгас исты змæлы. Æмæ >ыцы иу растæй махмæ æрбацæуы, æрбалæсы. 2-аг. Мæ ныхас дæ зæрдыл бадар, ацы бон исты бæллæх цæудзæни. Æцæг дын зæгъын. уый тыххæй æмæ йæ зонын. Кæнæ искæй амард^æн, кæнæ хæдзар ссудздзæни; кæс-ма-иу: уымæн æмæ, уæртæ уыныс? йæ хуыз цы æна- хуыр у! Катеринæ. Цы дзурынц, цы? Искæй, дам, амардзæн, зæгъынц? К а 6 а н о в. Ныхæстæ кæнынц афтæ, дзæгъæлы, сæ дзы- хы цы абада, уый. Кабанова. ^æхицæй хисдæртыл ма худ! Уыдон дæ- уæй фылдæр зонынц Исты дзы ис, .евæццæгæн. Ацæргæ адæпмаг дзæгъæл ныхпс нæ з.егьдзæн. Катеринæ (йæ лæгмсв). Тихон, æз æй зонын, арв кæй. мардзæни, уый. 66
Варварæ {Катеринæйæн сусæгæй). Фæлтау Куы нæ даурис! Кабанов. Цæмæй йæ зоныс? Катеринæ. Мæн амардзæни. Мæ удыбæстæйы тыххеей иу кувут уæд! ’ Æрбацæуы зæронд æхсин йæ лæккадгæнджытимæ. Катеринæ ныцъæхахсг кодта æмæ æмбæхсы. VI ФÆЗЫНД Гъе уыдон æмæ з æ р о и д æ х с и н. Зæронд æхсин. Цæмæн æмбæхсыс! Æмбæхсынæй ницы! Фæлæ æвæицæгæн, тæрсыс: мæлын дæ нæ фæнды. Ацæрын дæ фæнды! Цæуылнæдæ фæнда! ахæм рæсугъд дæ. Ха, ха, ха! Рæсугъддзинад! Фæлтау кув хуыцаумæ, æмæ дын дæ рæсугъддзинад айса!Рæсугъддзинад не сæфт у! Дæ- хи бабын кæндзынæ, адæмы фæрæдийын кæндзынæ, æмæ гъе уæд цинæй мæл дæ рæсугъддзинадыл. Бирæ, бирæ адæ- мы бафтаудзынæ тæригъæд хъуыддаджы! Рæузонд лæппу- тæ стох вæппынц, кæрæдзийы амарынц. Хуыздæр ма цæмæ бакастæуа? Зæроид лæгтæ, дингæиæг адæм, сæ адзал фе- рох кæнынц рæсугъды уындмæ сцыбæл вæййыиц! Хуыцауы раз чи раттдзæн цзуапп уыдæтты тыххæйРДы, ды уыдзынæ дзуаппдæттæг. Фæлтау доны баппар дæхи дæ рæсугъддзи- надимæ! Тагъддæр, тагъддæр! К а т е р и н æ æмбæхсы. Кæдæм æмбæхсыс, æнæзонд! Хуыцауæй алидзæн никæ- дæм ис’ Иууылдæр зыидоны арты судздзыстут! (А^ыдис.) Катеринæ. 0x1 Мæлын! Варварæ. Ныр дæхи цæмæн хæрьгс, цæмæн! Мæнæ иуфарс алæу æмæ хуыцауме бакув: фенцоднæр дын уы- дзæн. Катеринæ (къулы рæбынмæ бацыд æчæ йæ зонгуы- пгыл æрлæуу пд, спæй æпьлп шдя срсестæмæ фæгæппкодта). Уæууау! Зындон! Зындон! 3 »шдоны арт! Кабанов, Кабанова æмæ Варварæ йæ алыварс алæууыдыгты.
Мæ зæрдæ скъуыйы! Мæ’ бон нал у! Нана! Тихон! Тæ-\; ригъæдджын дæн æз хуыцауы раз æмæ сымах раз! Ард дын нæ хордтон, æнæ дæу кæсгæ дæр никæмæ бакæндзыиæн, ’ зæгъгæ? Хъуыды ма йæ кæныс? Æмæ, афтæ^æй та, æз æнæ . дæу цытæ кодтон, уыц зоныс? Раст ды цы бон абалц код- тай, гъе уыцы’хсæв æз дæр мæ уатæй рацыдтæн... К а б а н о в (фæджих ису цæссыг калгæ йыи йæ дысыл рахæц-рахæц кæны). Банцай, банцай, ма дзур! Цытæ дзу- рыс! Нанайк раз! К а б а н р в а (шызмæгæй). Дзур, дзур, кæм райдыдтай, уым. Катеринæ. Уыцы дæс æхс&вæп иу дæр мæ уаты нæ арвыстон... (Тынг кæуы). К а б а н о в æй йæ хъæбысы æрбакæнынмæ хъавы. Кабанова. Ныууадз æй!.. Кæимæ уыдтæ? В а р в а р æ. Ма йæм хъусут, цы дзуры, уый йæхæДæг дæр не ’мбары. , Кабанова. Банцай ды! Афтæ, уæдæ, и! Уæддæр, зæ- гъын, кæимæ уыдтæ? ’; Катерннæ. Борис Григорьичимæ. ;; , \. ,' , , Арв кæмдæр ныццавта. , л / Уау! (Уадзыгæй æрхаудта йæ\лæджы кьухтæм.) Кабанова. Гъы, мæ фырт! Федтай, бархи цардæй цы рауайы, уый? Æз-иу дын дзырдтон, фæлæ мæ ныхæсгæ дæ зæрдæмæ нæ цыдысты. Гъе ныр марадз!..
ФÆНДЗÆМ АРХАЙД ФЫЦЦЛГЛРХАЙДЫ ДККОРАЦИ. ИЗÆРМШ1ТÆ. I ФÆЗЫНД Кулигин бады даргъ бандоныл. Кабанов фæцæуы булварыл. К у л и г и н (зары). Æхсæвы тарæй нал зынынц.уæлæрвгæ,. Сæ хуыссæнуæтты сæхи æруагътой’ адæм... æмæ аф. д. (Кабановыауынгæйæ.) Дс ’зæртæ хорз, Тихон Иваныч. А’ипп ма уæд, фæлйе кæйбнг цæуыс? . ; , > Кабаиов. Нæхимæ. Фехъуыстай нын нæ хабæрттæ? Ницы уал, м’ах хæдзарæй хæдзар’ нал и. . . 'Кул и ги н. Фехъуыстон, Тихон Иваныч, фехъуыстон. К а б а н о в. Æз Мæскуыйы уыдтæн, зоныс? Нæхицæй куы раст кодтон, уæд мын мæ мад цас æмæ цас фæкодта зондамонæн ныхæстæ, фæлæ æз куыддæр араст кодтон, аф- тæ, æгайтма та дзы фервæзтæн, зæгъгæ, фыр, цинæй нуа- зынмæфæдæн! Фæндагыл дæр нуазгæ, Мæскуыйы дæр нуаз- гæ... Ахæм кеф кодтон, æмæдынæйкуыд зæгъон! Æнæхъæн афæдзваг мын куыд уыданд, афтæ. Иæ хæдзар иунæг хатт дæр мæ зæрдыл н<* ’рлæууыд. Æниу куы ’рлæууыдайд, уæд- дæр, ахæм хъуы’ддаг æрцæудзæн, уый æнхъæл чи уыди. Фехъуыстай йæ? , ’ , Кулигин; Фе^хъуыстон æй, бæргаз- Кабанов. ’Цымæ ма мæ хуызæн æнамонд исчи у! Сæ- фын афтæ, доны къусы сæфт! . 69
Ку лигин, Æгæр хъæддых адæймаг у дæ мад. Кабанов. Куыннæ у! Атæппæт иууылдæр уый аххос У* Фæлæ æз та цæуыл сæфын, зæгъ-ма, дæ хорзæхæй?Æз "ыр Дикоймæ уыдтæн, æмæ дзы анызтам;мæ зæрдæйæ — æн- Дондæр мын уыдзæн; фæлæ кæцæй, ноджы фыддæр фæдæн, Кулигин! Уæддæр мын мæ ус цы ми бакодта! Фыддæр ма цы уа... К^улигин. Цы зæгъон æз, Тихон Иваныч! Зын у лæг æмæ усы æхсæн тæрхонгæнæг ныллæууын. Кабанов. Нæ, цæмæн зæгъыс! Фыддæр ма цы вæййы. Амарын дæр ын æмбæлы уый тыххæй. Мæ мад афтæ зæ- гъы: удæгасæй йæ баныгæнын хъæуы зæххы, тухитæ куыд кæна, афтæ. Æз та йæ уарзгæ кæнын, мæ къух сисын æм мæ зæрдæ нæ комы. Уæддæр æй иу чысыл фæнадтон, мæ к’сды афтæ фæндыд, æмæ. Тæригъæдæй мары, Кулигин, уый бахъуыды кæ. Нана дзы йæ ныхтæ ныссагъта, фæлæ йæм уый ницы дзуры фæстæмæ, афтæ æрмæст йæ къахыл цæ- уы аууоны хуызæн. Æдзухæй кæуы æмæ тайы, мыдадзы хуызæн. Мæ бон нал у уымæ кæсын. Кулигин. Исты хуызы йæ сабырæй ахицæн кæ, Тихон Иваныч! Ныббар ын, æмæ йын æй мауал кой кæн æппын- дæр. Дæхæдæг дæр хъуамæ æнæ тæригъæд нæ уыдзынæ! Кабанов. Кæцæй æнæ тæригъæд! Кулигин. Суанг ын расыгæй дæр куыд никуыуал ба- уайдзæф кæнаи, афтæ! Хорз ус дын уаид, Тихон Иваныч; хъуамæ ма иннæтæй дæр хуыздæр. Кабанов. Куыннæ йæ ’мбарыс, Кулигин!Æзбæргæ, фæ- лæ мæ.мад... уыимæ дзурæн и? Кулигии. Афон дын у, Тихон Иваныч, дæхи зондæй цæрынæн... К а б а н о в. Æглæ мын цы кæнын кæныс, цы, мæхи акъæртт кæнон? Дæхимæ, дам, зонд фаг нæй. Æмæ, уымæ гæсгæ, мыккагмæ дæр искæй зондыл цу. Æз бавдæлдзынæн, æмæ мæм цы зонды муртæ ис, уыдон дæр носты бын фæкæндзы- нæн; æмæ хæрз æрра куы суон, гъе уæд мын-иу мæ мад, цы йæ фæнды, уый кæнæд. 70
Кулигин. Эх, Тихон Иваныч! Цы дын зæгъон, Нæ зо- нын. Уæд Борис Григорьич та? Кабанов. Уыцы налат? Уый раст Тяхтæйы балæуд3æн Китайы арæныл. Дикой йæ уырдæм иу цавæрдæр къупец- мæ æрвиты, къантормæ. Æртæ азы дзыæрхафдзæн. Кулигин. Æмæ уый та цы зæгъы? Кабанов. Катай кæны уый дæр; кæуы. Æрдæбон æм Дикоимæ баздæхтыстæм, алывыд ынфæкалдтам — ницынæм сдзырдта. Цыдæр хуызæн сси. Мæнæн, дам, цыфæндыдæр бакæнут, æрмæст Катеринæйы ма тухæнæй марут. Уый дæр ма йынтæригъæд кæны. Кулигин. Хорз адæймаг у. Кабанов. Йæхи ср&вдз кодта, бæхтæ дæр цæттæ сты. Марды хуызæнæй лæууы. Йæ цæстæнгасæй бæрæг у, фæн- ды ма йæ Катяйы фенын. Фæлæ йын уый нал суыдзæн! Хорз мын фæци. Ме знаг у, ме знаг, Кулигин! Йæ уд ын сласын хъæуы, уадз æмæ зона... Кулигин. Знагæн дæр барын хъæуы, Тихон Иваныч! К а б а н о в. Уæдæ, уæдæ!Мæ мадæн ма уый зæгъ, кæддæ- ра дын цы дзуапп раттид. Афтæ, гъе, Кулигин, нæ хæдзар бацарæфтыд и. Иу бийонтæ нæ, фæлæ цыма кæрæдзийæн фыдгултæ сыстæм... Нæ мад Варварæйы хурхы нарæджы скодта, æмæ уæд уый дæр куы бавдæлид æмæ куы афардæг уаид. Кулигин. Кæдæм? Кабанов. Чи йын цы зоны. Адæм дзурынц, Ванькæ Кудряшимæ, дам, алыгъд, зæгъгæ, уый дæр никуы зыны. Ац’ы хъуыддаг, Кулигин, бæлвырд нанайы аххос у. Фезмæ- лын æй нал уагъта, дуар-иу ыл гуыдырæй сæхкæдта. „Ма мыл æхкæнут дуæрттæ, хуыздæр уын нæ уыдзæн!" зæгъгæ-иу \ дзырдта чызг. Æмæ æцæгдæр афтæ рауади. Ныр ма æз цы бакæнон, дæ хорзæхæй! Куыд ма цæрон? Бацамон мын ис- ты. Хæдзармæ мæ зæрдæ нал райы, адæммæ мæ цæсгом равдисын нал уæндын, исты куыстмæ бавналон, зæгъгæ, æмæ — мæ къухтæ нæ тасынц. Мæнæ ныр нæхимæ цæ- уын: тынг зæрдæрухсæй цæуын, æнхъæл дæ? 71
: Æрбацыди Гдаш æ. ,'Глашæ. Тихон Иваныч, бахатыр кæ, фæлæ,.. . ’К а б а н о в. Иы хабар та у ? Г л а ш æ. Хорзæй нæм ницы ис нæ хæдзары. Кабанов. Ай’’нæ хуыцау куы федта! Дзур, цы та у? Глашæ, Де ’фсин... К аба н ов.' Цы ма ’кæны, дыР’Мæлгæ акодта æви? ! Глашæ. Нæ,.Тйхон Иваиыч; ацыд кæдæмдæр, нал æй ’ арæм.’Нæ сæрæн нал стæм уый агурынрей. Кабанов. Кулигин, згъорын хъæуы йæ агурыимæ. Цæ- мæй тæрсцн, .уый-зоныс? 'Йæхицæн исты куы ракæна!,Цы хуызæй уыд-, уый куы федтаис! Зæрдæ скъуыйы уымæ кæ- сынæй. Æмæ уæ цæстытæ кæм ;уыдысты,, ц? Раджы ацыд æви?.. • ,, ( ’ ’ ; ’’ ■ ’ , Глаш’æ. Хæрз æрæджы, . Тихон, Иваныч! Ма,\ аххос дæр уыди, нал æй’фæхуыды кодтам; фæлæ æдзух иæ фæ- дыл дæр куыд цыдаиккам. , м ,( К а б а н о в. Цæй, цы лæууыс, згъоргæ! 1 ■ , ’ Г л а ’Ш æ ’ацыд. Мах дæр цом,, Кулигин! /’ Ацыдысты. ’ Сцеиæ иу цасдæр рæстæг у афгид. Иннæрдыгаш æрбацыди К а т е р’н н ге æмæ сыидæггай фæцæуы сценæйы. с II ФÆЗЫНД , Катеринæ (пунæгæй).1 Нæй, никуы ис! Цымæ ныр нæгуыр йæ бон, цытæ кæны? Æрмæст м$ кæрæдзийæн хæрз- бон куы загътаиккам, уæд... уæд æз амæлыныл дæр разы дæн., Цæуыл æй ахæм бæллæхы ба’фтыдтон ?, Мæхицæн æн- 1 Ацы монолог иууылдæр, стæп амæй фæстæмæйы сцснæгы дæриыхас кæны, дзырдтæ ивазгæйæ æмæ сæ дыгай хæпыты дзургæйæ, хъуыдытæ гæнгæ хуызæн, хаттгай дыма йæхи нал фембары/ афтæмæй. 72
цондæр, мийаг, куы нæ фæуыдзæн! Фæлтау мæхаедæг ,Иу- .нæгæй фесæфтаин! Ныр æз дæр сæфт, уый дæр:сæфт, ,Мæ- нæн худинаг,—уымæн мыккагмæйы уайдзæф! ВæгУыдæо1 Мæнæн худииаг,—уымæн мыккагмæйыуайдзæф! (Ницы дзу- ры.) Йæ ныхæстæ ма йын куы ’рхъуыды кæнин: цытæ-иу дзырдта? Куыд мын-иу тæригъæд кодта? Цы ныхæстæ мын*иу кодта? (Йæ сæрыл ныххæцыд.) Ницы уал’дзы зонын, ферох мæ сты. Æхсæв у, æхсæв, мæ фыдæбон, ’мæ хъиамæт!’Би- нонтæ схуыссынц, æз дæр схуыссын; иууылдæр бафынæй вæййынц, æз та цыма ингæны вæййын... Талынджы фыр, тарстæй мæ уд сцæй хауы! Цавæрдæр уынæр мæ хъустыл ауайы, цыма искæй ныгæнынц æмæ афтæмæй зарынц; æр7 мæст тынг са0ырæй, дард, тынг дард кæмдæр... Мæ цæсты- тæ’ ныуурс вæййыцбоны сцъæхмæ æихъæлмæ кэёсынæй!Фæ- лре мæм сыстын дæр нæфæцæуы... æдЗухдæргъе уыцы адэем, гъеуыцы ныхæстæ, гъё уыцы хъизæмар.Цæ^æн мæм ахæм цæстæйкæсынц? Цымæ иыр маргæ цæуылнæ уал кæньшц? Цæмæн æй афтæ сарæзтой? Фыццаг заман-цу, зæгъынц,* ахæмты маргæ кодтой^ Гъемæ мæ Волгæйы доны цæуылнæ баппарыиц мæн дæр? Мæнæн æхсызгон уаид. „Нæ, зæ- , гъынц, куы дæ амарæм, уæд дæ, тæригъæдæй ссыгъдæг уыдзынæ, фæлæ афтæ цæр æмæ дæ бонтæ хъизæмаргæн- гæ æрвит. Æмæ мæ бон нал у! Цымæ ма кæдмæ тухитæ кæндзынæн?... Цы ма у ныр мæ цард, цæйаг ма у?Ницыуал \ мæ хъæуы, мæ зæрдæ ницы’ уал зæгъы, дунейы рухсмæ кæ- сын дæр мæ нал фæпды!~Фæлæ мæм уæддæр мæ адзал хæстæг нæ цæуы. Мæхи дзыхæй йæ агурын, фæлæ мæм уæддæр ’нæ цæуы. Цыдæриддæр фенон, цыдæриддæр фехъу- сон, ,ацы ’ран ;мын (йæ зæрдæмæ амоны) риссы. Уыимæ’ ма куы цæрии;! уæд’ма чи зоны, мæ зæрдæ искуы барухс уа- ’ ид... Ныр мæнæн уæлдай иал у, иугæр мæхн зындоны хай кæм скодтон, уым. Иу уынд ма йæ уæддæр куы фæкæнип! Гъæй-джиди, иу уынд ма йæ куы фæкæнин! Фæлæ дæ кæд нал фендзынæн, уæд та мæ дардæй уæддæр фехъус. Уæ, дымгæтæ, бахæццæ йæм кæнут мæ хъыг æмæ мæ уарзон- дзинад! Цы кæндзымæн æнæ дæу, кувд цæрдзынæн! (Ба^ " ; 73
циди доны былмæ æмæ йæ хъæлæсы дзагæй хъæр кæны.) Уæ, мæ цин! Мæ цард, мæ уд, уарзындæ!Кæмдæ? (Кæуы.) Æрбацыди Б о р и с: III ФÆЗЫНД Катеринæ æмæ Б о р и с. Борис (Катеринæйы нæ уынгæйæ). Ме скæнæг хуы- цау! Уый уый хъæлæс куы у! Кæм ис, уæдæ? (Ракæс-ба- кæс кæны.) К а т е р и н æ (базгъордта йæм æмæ йе ’фцæджы ныт- тыхсти). Федтон ма дæ уæддæр! (Кæуы, йæ цæсгом Бори- сы риуыл, афтæмæй.) Ницы дзурынц. Борис. Кæсыс, уæддæр ма сæмбæлдыстæм æмæ иумæ акуыдтам. Катеринæ. Нæ мæ ферох кодтай? Борис. Уанцон ферох нæу, уый та куыд! Катеринæ. Нæ, нæ, уый зæгъынмæ нæ хъавыдтæн. Мæсты мæм нæ дæ? Борис. Цæмæн дæм хъуамæ мæсты кæнон? Катеринæ. Ныббар мын, курын дæ. Дæуæн исты маст скæнон, уый мæ зæрды нæ уыди; фæлæ мæхиуыл мæ бон нæ цыдис. Цытæ дзырдтон, цытæ кодтон, æппындæр сын ницы ’мбæрстон. Бори с. Ныууадз уыдæттæ, куы ничи дæ зылын кæны! Катеринæ. Уæдæ куыд? Цы фæнд дæм и ныр? Б о р и с. Цæуын. Катерииæ. Кæдæм цæуыс? Борис. Дардмæ, Катя, Сыбырмæ. Катеринæ. Мæн дæр алас демæ ардыгæй! Борис. Нæй мын гæнæн, Катя. Мæхи барвæндонæй нæ дæуын: Савел Прокофьевич мæ æрвиты, бæхтæ дæр иф- тыгъд сты;афтæ ма уæддæр мæхииу минутыбæрц ракуырд- 74
тон, хæрзбон зæгъын мæ фæндыдис, æз æмæ ды каеРæдз йы кæм базыдтам, уыцы бынæттæн. и" Катеринæ. Хуыцау дæ фæнадраст фæкæнæд! Мæныл ма мæт кæн. Райдиаиы ма, чи зоны, æнкъард кæндзынæ мæгуырæг, стæй мæ уæд ферох кæндзынæ. Борис. Мæ хъуыддаг диссаг нæу! Æз баст нæ дæн, фæлæ ды, ды. Де ’фсинимæ куыд стут? Катеринæ. Мæ туг мын нуазы, дуæрттæ мыл сæхкæ- ны. Алкæмæн дæр дзуры, мæ лæгæн дæр æдзух, дзуры: ма йыл æууæнд, хииæйдзаг, дам, у. Æмæ сау бон изæрмæ иу- уылдæр мæ фæдыл зилынц æмæ мыл æргомæй худынц. Дæуæй мын фидис кæнынц æдзухдæр. Борис. Дæ лæг та? Катеринæ. Куы мæм фæлмæнæй дзуры, куы та мæс- ты кæны, æдзухдæр ностджын. Фæлæ мын сæнад ис, сæ- над, йæ буц ныхас мæм надæй фыддæр кæсы. Борис. Зын дын у, Катя? * К а т е р и н æ. Афтæ зын мын у, афтæ, æмæ фæлтау куы амæлин! Б о р и с. Чи йæ зыдта, нæ уарзондзинады тыххæй æз æмæ ды ахæм хъизæмары бахаудзыстæм, уый! Фæлтау уæд ардыгæй куы алыгъдаин! Катеринæ. Ме ’намондæн сæмбæлдтæн æз дæр дæ- уыл. Æхсызгондзинад бирæ нæ федтон, фæлæ маст та... зæгъæн дæр ын нæй, уый бæрц бирæ! Стæй ма нырæй фæс- тæмæ цас фендзынæн, уый хуыцау зоны. Фæлæ, уæвгæ, фæстæдæр цы уыдзæн, ууыл та цы дзурæм! Æз мæнæ ныр дæу федтон, уый мын никæй уал бон у байсын; мæн æн- дæр ницы хъæуы. Дæу фенынмæ ма бæллыдтæн æз æрмæст. Ныр мæ зæрдæ бирæ фæрухсдæр и, цыма ме ’ккойæ стыр уаргъ аппæрстон, уыйау. Афтæ мæм касти, цыма мæм ды тынг мæсты дæ... Б о р и с. Цытæ дзурыс, цытæ! Ка т е р и нæ. Æцæг зæгъыс, уый зæгъынмæ нæ хъа- выдтæн, мæ хъуыдытæ æндæр уыдысты! Хъыг кодтон æнæ дæу, тынг хъыг; гъемæ дæ ныр федтон. 75
Б о р ис. Мийаг ’нæ ис^и ’куы ’рбайпафа ам! К а т ё р и н æ. Фæлæу, фæлæу-ма! Цыдæр дын зæгъын7 мае, !хъавыдтæн! Куыд ’мæ ’рбайрох и! Цыдæр æхсызгон ны- хас! Мæ сæр дзæгъæлтæ ка$ны, мæ хъуыдытæ фæлыгъдыстц1 1 Борис. Афон мын у, Катя, цæй! Катерин æ. Фæлæу, фа^лæу уал! Б о р и с. Цæй, уæдæ, цы ма мын зæгъинаг уыдтæ? Кате.рин æ. Ныртæккæ дын æй зæгъдзцнæн. (Ахъуы- ды кæнгæйæ). 0, хæдæгай! куы ацæуай, уæд-иу фæнда- гыл иу мæгуыргуры.дæр æнæ рæвдыдæй ма ныууадз, ал’- кæмæн дæр-иу, исту авæр æмæ йын зæгъ, мæ уды’бæстæйы тыххæй хуыцаумæ куыд кува, афтæ. Борйс. Мæн ардыгæй’чи ’рвиты, уыцы адæм куы зо- никкой, куыд зын мын у дæуæй фæхицæн!'Уæ, хуыцау! Уыдонæн дæр искуы ахæм циндзинад бавзарын кæ! Хæрз- бон, Катя! (Йæ хъæбысы йæ акодща æмæ цæуынмæ хъавы.) Саузæрдæ, æнæхатыр адæм! Гъæй джиди, мæ бон исты куы уаид! , , Кате’ринæ. Фæлæу, фæлæу! Фæстаг хатт ма’ дæм ба- кæсон. (Йæ цæстытæя ынкæсы.) Цæй,,æгъгъæд мын фæ- уæд! Ды та хуыцауы уазæг! Цу ныр, цæугæ тагъддæр! Б о р и с (цалдæр къахдзæфы акодта æмæ ныллæууы- ди). Катя, дæ ныхæстæ мæ зæрдæмæ иæ цæуынц!Кæд, мн- йаг; исты сфæнд кодтай? Дæ мæтæй бахус ■ уыдзынæн фæндагыл. К ате р и н æ. Ма тæрс, ма тæрс! Цу, фæндараст дæ . хуыцау фæкæнæд!, , ’ , Б о р н с æм раздæхынмæ хъавы. Нæ хъæуы, нæ хъæуы’/æгъгъæд у! ; Б о, р и с (кæугæйæ). ’ Црей, хуыцауы уазæг у. Æрмæст ма хуыцауæй уый курæг дæн, тагъддæр куыд амæла, бирæ куыд нæ уал фæхъизæмар кæнаЬ Хæрзбон! (Йæ сæрæй йын акуывтач) Катерин æ. Фæндараст! Б о р и с ацыди, К а т е р и н æ йæ фæдыл кæсы æмæ иу цасдæр 1 . рæстæг лæууы хъуыдытæ кæнгæ. 76
IV ФÆЗЫНД К а т е р и н æ (иунæгæй) .Кзыæм цæуоп ныр? Наэхимæ? н мæнæн ныр нæ хæдзар ингæнæй уæлдай нæу. Бæгуыдæр , æ' пæн ныр уæлдай нæу, фæнды нæхимæ, фæйды ингæнмæ!..фæн" ды ингæнмæ!.. Ингæны хуыздæр.:. Бæласы бын чысыл ин- гæн... дзæбæх!.. Хур æй тавы, уарын æй баумæл кæны. .уалдзæджы йыл кæрдæг сзайдзæн, фæлмæн кæрдæг... цъиу- тæ-иубæласмæ æрбатæ’хдзысты, зарджытæ кæндзысты, лæп* пынтæ рау’адздзысты... дидинджытæ ’дзы зайдзæии: ;буртæ, сырхытæ» арвы цъæхы хуызæттæ... алы мыккаегтæ,, (цсёуыл- дæр хьуыдытæ кæны), алы мыккæтæ./. Æпцад дзы уыдзæ- ни, дзæбæх! Мæ зæрдæйæн; цыма, фенцондæр, и! Фæлæ цæрын мæзæрдæ иал зæгъы. Ныр та цзергæ кæнон? Нæ, , иæ. Нæ хъæуы... хорз нæу.’А’дæм дæр мыи сæ,пад сты, хæ- , дзар дæр мын сæнад ис, агъуысты къултæ дæр! Нал цæуын уырдæм. Нæ, нæ, ’нал’ бацæудзынæн! Куы сæм , бацйеуон, уæд та мæ фæдыл зйлдзысты, ныхæстæ кашдзысты, æмæ ^æн, уый цæмæн хъæуы! Ой, куыд æрбаталынг ис! Зарын та байдыдтой кæмдæр! Цы зарынц, цымæ?3ын равзарæн у... гъеныр амæлыиæй хуыздæр ницы уаид... Цы зарынц, цы? Уæлдай нæу, фæнды адзал æрцæуæд, фæнды дæхæдæг... уæргæ мын цæрæн нал ис! Хуыцауæй та тæригъæд у! Мæ уды бæ’стæйы тых^æй нæ. йувдзысты? Чи мæ уарзы, уый кувдзæи!.. Къухтæ, кæрæдзиуыл^ дзуарæвæрд вæййынц... чырыны куы вæййы, уæд!!0, мæнæ афтæ... æрхъуыды йæ , кодтон: Фæлæ мæ куы ’рцахсрй æмæ та мæ фæстæмæ ты- хæй нæхнмæ куы акæной... Уæдæмæ, тагъддæр, тагъддæр! (Вацыди доны былмæ. Хъæрæй.) Мæ уарзоп! Мæ дунейы рухс! Хæрзбон! (Фæцæуы\) Æрбнныдысты: К!а,б ал’ова, Кабано’в, К’у л н г и н æиае æххуырст кусæг æд фанар, V ФÆЗЫНД К а б а н,о в, ',К а б а н о в а æмæ К у л н г н и., К у л и г н’н. Ам æй фендæуыд, зæгъынц. К а б а н о в. Æмæ кæд мæнг ныхас у? ’ 77
Кулигин. Хорз æй чи зоны, ахæмтæ загътой. К а б а н о в. Хуыцауæй бузныг, æгайтма йæ удæгасæй федтой. Кабанова. Дæуæн та уайтагъд дæ уд фæхауди, кæ- уын ыл байдыдтай! Ахæмтыл кæуын хъæуы? Ма тæрс, ныр ма уыймахæн бирæ фыдæбæттæ бавзарын кæнд^æн. Кабанов. Æ\\щ ардæм рацæудзæн, уый æнхъæл чн уыди. Лдæмæй йедзаг. Исчи дæр ма ахæм ран æмбæхсы! Ка б аи ов. Уыныс, цы мптæ кæны! Куыд хин æмæ кæ- лæн у! Æдзухдæр йæхи фæнд куыд тæры! Алырдыгæй адæм æмбырдтæ кæнынц фанартимæ. Адæмæй и у. Гъы, ссзрдтой йæ? Кабанова. Бæгуы-бæ! Раст цыма дæлдзæх фæци. Ч и д æ р т æ. Уый дын æмбисонд, гъе! Диссаджы хъуыд- даг! Цы ’рбацадаид! Адæмæй иу. Фæзындзæн, тас’ын нæу! Д ы к к а г. Ау, куыд фесæфдзæн! , Æртыккаг. Кæсут-ма-иу, кæддæра йæхæдæг не ’рба- цæуид! Сцгнæйы чъылдыммæ чидæртæ хъæр кæ^ынц: .Тагъл, лодкæ ракæнут!* К у л и гин (доныбылæй). Чи хъæр кæны? Цы хабар у? Дсфдæм йын чидæр дзуапп дæтты: „Иу ус йæхи дсны баппæрста!" К у л и г и н æмæ цалдæр адæймаджы азгъордтой. VI ФÆЗЫНД ^ Гъе уыдон та æьæ дулигинæй. К а ба н о в. Мæ хæдзар фехæлди, уый Катя уыдзæн! (Азгъорлнмæ х<авы. КаЪановг й,н йæ къухыл хæцы æмæ йæ нæ уадзы.) Нана, а\адз мæ, дæ хорзæхæй, куы б^бын дæн! Æз æй рафтаудзынæн донæй, на уæд тамæхæдæг дæр... Цы у мæ цард æнæ Катя! 78
К а ба н о ва. Нæ дæ ауадздзыпæн, кой дазр æй’ма кæн! Ахæмы тыххæй дæхи марыс? Атъæпп уа мын йæ е*>п1 Цъус худинаг нæ куы нæ фæкодта, уæд ма цы ’рæмысыли ныр? Кабанов. Ауадз мæ! Кабанова. Æнæ дæу дæр æгъгъæд сты. Куы ацæ- уай, уаэд мæнæн фырт нал дæ, хъусыс! Каб а н о в {йсв зонгуышыл серлсеугæйсё). Мæ цаестаей ма йæ фенон æрмæст! Кабанова. Донæй йæ куы раласой, уæд æйфендзынæ. Кабанов (сыстади, дзуры адæммæ). Хорз адæм, куыд у, ницы ма зыны? 1-аг. Талынг у бынæй, ницы дзы зыны. Сценæйы чъылдыммæ уынæр цæуы. 2-аг. Цыма цыдæр хъæр кæнынц, фæлæ зын равзарæну. 1-аг. Уый Кулигин у. 2-аг. Уæртæ чидæртæ доны былты фæцæуынц фанаоимæ. 1-аг. Ардæм æрбацæуынц. Æрбахæссынц æй уæртæ. Адæм иукъгрдæй фæстæмæ æрбаздæх^ысты. Чи æрбаздæхт, уыдонæй иу. Саг лæг у Кулигин! Хæс1 æг уыди ам, былгæрон малы; фанары рухсмæ дон бын- нозмæ зыны; къаба йæм ферттывта; ауыдта йæ æмæ йæ йæ- хæд ^ г иуыæгæй рпфтыдта. К а ба н о в. Æгас у? И н н æ. Æгас га ма кæцæй! Уæтлозæй фехстайæхи; ам къардиу у, æмæ ноджы, æвæццæгæн, якормæ нæхи æрхас- та, йæхи ныццавта, мæг>ырæг! Фæлæ ди.саг, р<)ст цыма, удæгас у! Æрмæст йæ къæмисæн цæф у иу чысыл, æмæ дзы и}нæг, зыбыты иунæг туджы ’р^ах. К а б а н о в фæцæйзгъ’ ры, фæлæ уалын^æ К у л и г и н адæмимæ æрбахæссынц К атсринæйы. 79
VII ФÆЗЫНД Гъс уыдон тл, стæн ноджы Кул и г и и. ; ,К у л н г и н. Мæнæ уын уæ Катеринæ. Цы уæ фæнды, уый йын кæнут ныр! Йæ фыд æмæ йе стæг мæиæ сты, хæ- Цут сыл; фæлæ йæ уд ныр сымах нал у; йæ уд ныр хуы- цауы раз лæууы, уый йын йæхæдæг уыдзæн тæрхонгæнæг; уый тæрхон сымахонæй раСтдæр уыдзæн! (Зссхмæ йæ æр~ уагъта æлкæ тагъд-тагъд фезгъоры.) К абанов (базгъордтаКатеринæйыразмсе). Катя1 Катя! Кабанова: Н^ууадз! Ахæмыл кæуын тæригъæд у! К а б а н о в. Нана, ды уыдтæ йæ марæг! Ды, ды, ды... КабайсУва. Цытæ дзурыс уый? Æви дæхи дæр нал æмбарыс! Ферох дæ ис, кæимæ ныхас кæныс, уый? Кабанов. Ды йæ фесæфтай! Ды! Ды! Кабанова (йæ фыртмæ). Цæй, демæ æз нæхимæ баны- хас кæндзынæн. (Йæ сæрат ныллæг кувы адæмæи). Буз- ныг, хорз адæм, арфæ уын кæнын уæ фыдæбоны тыххæй! , Иууылдæр сæ сæртæй кувынц. К а ба н ов. Дæуæн æнцон у ныр, Катя! Фæлæ, мæгуыр æз, а ^унейыл цæргæ æмæ хъизæмар гæнгæ чи баззайдзæн! (Æрхаудис йæ усы мардыл,)
Редзктор Дарчиты Д, Техникон реаактор Дзгойты А% Корректор Беккуызарты Т. Мыхуырмæ лæвæрд æрцыд 3/Х1 1949 ?зы. Мыхуырои сыфтæ 5. Рауагъдады № 129.3аказ М 3450. Тираж 3000. кИ 04168. Цæгат Ирыстоны АССР-ы полиграфийы промышленносты, рауагъадты . æмæ чиныгуæйкæныны хуыддæгты Уиравленнйы типографи. Дз’æуджыхъæу, Дзанайты Иваыы уынг, 20.