Text
                    РШЬШÆ
ÆМÆ
УАЦАУТÆ
« Ирыстон »
!^хинвяп1974


СÆИРÆГТÆ Радзырдтæ Сосойы зарæг Куырд Саулагъз чызг Фæстаг мидбылхудт Хъæуæй ахызт Сепа Уацаутæ Æндæр ахуыргæнæг Фыдбылызы дзæигæрæг 5 20 28 39 59 85 126 Кабисов Заур Захарович ПЕСНЯ СОСО (Рассказы и повести на осстинском языке) ьгоьсчь ьпз^оло Редактор Р. К. Тедеты. Худож. редактор А. Д. Ванесв. Художник С. М. Бибилов. - Техн. редактор В. А. Тедеева. Корректор А. И. Техов. Сдано в. пабор 10. X. 1974 г. Подписано к псчатп 19. XII. 1974 г. Формат бумаги 70хЮ8Уз2. Уч.-изд. л. 6,8. усл.-печ. л. 7,2. Тираж 1000 экз. ЭТ 00202. Заказ тнп. № 1911. Цена 28 коп. Издательство «Ирыстон» г. Цхиивали, ул. Ленина, 5. Цхинвальская типография № 10 Государственного комитета Совета Миннстров ГССР по делам издатсльств, полиграфии и книжноп торговли, г. Цхинвали, ул. Московская, 5. М —623
СОСОЙЫ ЗАРÆГ Æртыпдæс азы дæргъы хъизæмайраг балцы фæстæ здæхтæн хъæмæ, мæ райгуырæн уæзæгмæ, Чеселтмæ. Поезд тæхы^æмæ мын йæ цæлхытæ мæ хъусы сусу-бу- су кæнынц: «Тагъддæр, тагъддæр, тагъддæр»... Диссаг сты поезды цæлхытæ: адæймаджы зæрдæ цæмæ ’хсайа, уый йын дзурынц йæ хъусы. Хæйрæджытæ! Æртындæс азы размæ та мын афтæ дзырдтой: «Хæстмæ, хæстмæ, хæстмæ»... Поезд тæхы?æмæ мын йæцæлхытæ кæнынц мæ.хъизæ- майраг балцы кæройнаг зарæг. Ме ’рцæуыны бæлвырд рæстæг кæй нæ фехъусын код- тон, уый тыххæй станцы мæ разы бадын æнхъæл никæ- мæн уыдтæн. Куыддæр поезд æрлæууыд, афтæ егъау че- моданы ихсыд хæцæнмæ февнæлдтон æмæ, станцы æнхъæлмæкæсэед зал йæ астæутыл алыггæнгæйæ, ахыз- тæн уæрæх фæзуатмæ. Иу ран æвзонг лæппуты æиæхъæп бардз хъазты фæсивæдау æмдымбыл лæууыиц æмæ иæ- уылдæр хъæлдзæг худт кæнынц. Æз сæм араст дæн. Æвæццæгæн, мын æхсызгон уыд, мæ райгуырæп зæххыл фæсивæд хъæлдзæгæй кæй цæрыиц, уый, æпдæра сæм’" цæмæ хаудтæн. Лæппутæ мын цыты уазæгау фæндаг радтой сæ ас- тæумæ, фæлæ ницы мæ зæрдæ барухс. 5
Фæсивæды тымбылæджы астæу ме ’рдæм чъылдымы- здæхтæй лæууы иу лыстæг, тынг даргъ лæг. Рæстæг йæ хуыз кæмæн бацъырдта, ахæм дæрдджын цинел ын æм- бæрзы йæ лыстæг гуыр уæхсчытæй суанг фадхъултæм. Бæрæг уыд, сæрмагонд уыды уæнгтыл хуыд кæй уыдаид. Цинелы фæтджиты бынæй зынынц ихсыд цырыхъхъыты гæлир уæлфæдтæ. Йæ сæрыл суанг бæрзæйы онг æрфæл- дæхтысты сау нымæтхуды фадгуытæ. Иу цавæрдæр хæдмæл кленц лæппу уыцы лæджы раз маймулиау гæп- пытæ кæны. Иæ иу къухы спичкæйы къæцæл, иннæйы къопп. Кæрæдзийыл сæ æфсоны адау-адау кæны. — Сосойы зарæг акæн. науæд дыл арт æфтауын, — спичкæйы къæцæл та къоппыл асæрфта. Уый фенгæйæ, цинелджын фестъæлфыд. Йæ хъуыры цъар ивазгæйæ, лæгъзтæ кæны: — Чысыл мæ бауадз æмæ та уын стæй азардзынæн. Де спичкæ та æфснайгæ бакæн. Адæймаджы буар куыд сой у æмæ спичкæйы иу фæпæрттæй дæр куыд тынг су- дзы, уый куы зонис, уæд æй дæ дзыппы æвæргæ дæр иæ ныккæнис.—Лæппутæ ноджы худынц. Цинелджын ме ’рдæм фæзылд, æвæццæгæн, æххуыс æнхъæл. — Хорз адæм... Ах, йæ цæсгом... Цæй цæсгом!.. Хурмæ хусгонд хæ- лыны гæппæлы хуызæн сыхуылтæ цармæй цæстыты бæсты дыууæ тымбылæджы лæгъзтæгъуызæй æртти- вынц. Чысыл дæлдæр бур фæрдгуыты дыууæ нарæг ха- лы. Уыдон та дæндæгтæ уыдысты, уæдæ цы!.. Мæнæн мæ зæрдæ калмы цæфау фæрæхуыста цавæр- дæр дард, фæлмæмбæ.рзт хъуыды. Нырмæ дæр зонгæ- зæл хъæлæсы уынæрмæ .мæ зæрдæ фæкъæпп-фæкъæпп кодта. Ныр мæ къухæй феуæгъд чемоданы ихсыд хæцæн. Мæ къæхты бын цыма бурæмæдз конд уыд æмæ зæххыл нындæгъдысты, уыйау сæ зынæй стон-стон кæнын æмæ уæззау къахдзæфтæй цæуын цинелджыны ’рдæм. Уый мьтн мæ къухтæм тарстгъуызæй ныккаст. — Ды дæр мыл арт æфтауынмæ хъавыс? Æмæ мæ 6
стæм хъуымызбыл къæбæдатæй фылдæр куы ничи фæ- хъыгдары, уæд ды та ацæргæ уæвгæйæ, цы сæрра дæ? — йæ хъæлæс дæр ризы æмæ йæ буар дæр. — Ай кæд къуыдайраг Симои пæ дæ, уæд Ирыстоны уæлдæфæй ма бафсæдон! —Зæронд усау сомытæ кæнын. — Æмæ ды та чи дæ?—йæ сæр дызæрдыджы æн- къуыст кæны. — Сосойы зарæггæнгæ чи басыгъд, уыцы Симон нæ дæ? — дзуапны бæсты та йæ афарстоп. Фæсивæд кæрæдзийы хъусты сусу-бусу кæнынц. Зы- иы сыл, зондцух мæ кæй æнхъæлынц. — Кæцы дæ, лæппу? — йæ цæсгомыл цыдæр цинæн- гас фæзынд. — Чеселгтаг... æз та чеселттаг Симон дæн! Нæ цæнгтæ кæрæдзиуыл атыхстысты. Къуыдайраг Симон мын цавæрдæр къуыдыргæндтæй мæ фæсонтæ ха- фы. Æз ыл мæхицæй æддæмæ ахæцыдтæн æмæ йын йæ къухтæм æркастæн. Кæриппарæн гуылмыз фыййаджы хуызæн фыдуынд къухтæ мæ риуыл сæхи хафынц. * # * Æгайтма ме ’рцæуыны бæлвырд рæстæг нæ фехъу- сын кодтон. Хæстæджытæ, хицæттæ нымбырд уыдаик- кой æмæ мын Симоны феныны фадат нæ фæуыдаид. Æпиу ме ’фсымæр... Фæлæ ницы кæны. Уæддæр Симоны федтон. # # # Радон «æвзаг» дзуарæн нывонд фысы ласт куы ’ркод- там, уæд мæм политрук йæ амонæн æнгуылдзæй йæхн- рдæм фæсидт. — Зоныс, цы? — Мæ хъусы мын сыбар-сыбур кæпьт, цыма мын стыр сусæгдзинад зæгъыимæ хъавы- 7
Æз мæ сæр н&зоныны хуызы банкъуыСтон. — Заманайы хорз лæппутæ нæм æрбарвыстой. — Æхсызгои хæрзтæ дыл цæуæд,—йæ циндзииад мæнмæ кæцæй хауд, уый не ’мбæрстон, фæлæ йьтн уæд- дæр раарфæ кодтон. — Æмæ дзы иу чи у, уый зоныс? Ногæй та «нæ», зæгъгæ, мæ сæр батылдтон. — Де ’мзæххон. Ирон. Цыма мæ æндон цъæт сриуыгъта, уый стъæлфт фæ- кодтон. Æниу мын хорз æмбæлттæ уыд, фæлæ æмтуг, æмыстæг, — уый æндæр хъуыддаг у. — Кæм ис? — политручы цонг ацахстон. — Уæртæ йæ фыццаг хæстон хæс фиды борщ хæры- нæй. Хæрæндоны къæсæрыл мæ дугъ фæоцани кодтоп, Уайтагъд мæ цæст андæгъд къуымгæрон иу лæджы сæп- джын фæсонтыл. Телхъæды стæвдæн цæпгтæ сæ рæмбы- ныкъæдзтæй лæууыдысты стъолыл, Хъæдын нывæфтыд уидыгæй хордта борщ. Йе змæлд ахæм сабыр, уæзбын уыд, æмæ æфсæн дзæккоры цæфæй дæр къæрттæй цъула нæ аппарид. Фæрсырдыгæй мæм чидæр кæй кæсы, уый цавæрдæр сусæг æнкъарынадæй фæхатыдтон. Фæзылдтæн. Повар, сисы хуынкъæй кæсæг мыстау, йæ сæр ратъыста хæри- нагдæттæн хуынкъæй. Йæ цæстытæ ныццыппæрдигъон сты, афтæмæй куы мæнмæ кæсы, куы та борщхæрæгмæ Иæ цæстæнгас уыцы джихгъуыз куы уыд, уæд æм хæс- тæг бацыдтæн. — Уартæ ма де ’мзæххонмæ бакæс! Мæ агтимæ мып мæхи дæр хæрдзæн. — Иæхи барæй кæй ныссагъæсгъуьп кодта, уый зонын аамæ æз дæр мæ цæст сæрыстыр ны- къуылд æркодтон ме ’мзæххоны ’рдæм. ,— Иу дæс тæбæгъы нæма афæлдæхта? — Нырма дзы иуыл дæр нæ фæтыхис^ фæлæ кæпæ æфсæрмы кæны, науæд та фырфæллад у. Йæ гаччы куы ’рбада, уæд нæм митæ уыдзæни. 8
— Цæй, дæхи ма стæригъæддаг кæн. Голлаг хордзены цæстæй цас стырдæр у, уыйас йе ’фтиаг дæр фылдæр у.—Мæ къух ауыгътои æмæ къуымырдæм фæцæуæг дæн. — Кæд æцæг ме ’мзæххон дæ, уæд дæ бои хорз, — йæ уæлхъус æрлæууыдтæл æмæ йæм комкоммæ бадзырд- тон. Комкоммæ уымæн, æмæ уый, кæд бадгæ кодта, æз та — лæугæ, уæддæр мæнæй бæрзонддæр уыд. — Дæ хъуыддаг раст уа, æфсымæр, — сыстад. Раст мæм къулæджы хойæныйас арм радта. — Къæсæрæй куы ’рбахызтæ, уæдæй нырмæ дæм мæ хъус дарын. Мæн агу- рæг кæй æрбацыдтæ, уый уайтагъд фæхатыдтон. Стыр бузныг, кæй мæ æрцагуырдтай, уый тыххæй. —Мæ къух мын арæхстгай æууæрды йе ’рмтты ’хсæн. — Кæцы коймаг дæ, уый ма мын зæгъ, — афарстон æй æрæджиау. — Къуыдайраг дæн. Мæ ном — Оимон. — Иæ сырх- цъар цæсгомыл сабийы æнæхин мидбылхудт хъазыд. — Æй, дæ хæдзармæ дæ куыд фæтарди! Уæдæ æцæг æмзæххонтæ куы стæм.—Мæ къахы фындзтыл слæу- уыдтæн æмæ Симоны астæуыл мæ цонг æрбатыхтои (æцæг мын чъылдымы стæджы онг йедтæмæ нæ баххæст æмæ йæ уым хпстæр æнгуылдзæй гæрз роны фæфидар кодтои). Акæс-ма уæртæ, дыууæ къахдзæфы йедтæмæ пæй Къуыдарæй Чеселтмæ. Симон йæ цæстæнгас ахаста къуымты. — Мæ тæригъæд дæ уæд, чеселттаг! — уысмы бæрц йзс цæсгом фæтаргъуыз. — Цы кодтай? — нæ йæ фембæрстон. — Акæс-ма уæртæ, зæгъгæ, куы загътай, уæд мæм афтæ фæкаст, цыма Сагджын къуырфы дæи æмæ мыл ныртæккæ Джоджорайы сатæг ирдгæ узæлгæ атыхс- дзæн. — Ницы кæны. Уый дæр уыдзæн. — Ныфс ын авæрд- тон. — Цæй, хорз, —йæ къух ауыгъта Симон æмæ азьтлд, 9
повар пырма дæр Сисы хуьШчЪы мЫс1ы Каст кæцæй код- та,. уыцырдæм. — Ацы къус ма мын нскуы куы ’рхæссай, уæд дып æп æд хæринаг дæ тымбыл къоппайыл æркæндзынæн, фæ- лæ йæ дæ зæрдыл дар æмæ нæ фехъуыстои ма зæгъ.— Йæ амонæн æнгуылдз æм батылдта. — Дыккаг порци рафыссыны тыххæй хистæртимæ бадзурын хъæуы, æмбал кæстæр лейтенант. Къус та нæм уымæй стырдæр нæй.—Аххосджыны хъæлæсæй сдзырдта повар. Мæнæи дæр мæ сæрыстырдзинад фæ- цагайдтой Симоны ныхæстæ, фæлæ уый йæ къух хæрд- мæ систа. — Мæ ныхас дæр ууыл у. Мæ ас куыд у, мæ ахсæн уыйбæрц нæ домы. Гуыбындзæлæй хъулон ми иæ уар- зын. Гуыбынтæ æфсымæртæ сты æмæ сæм æмхуызон зи- лын хъæуы. Ныр уал дæ лæггад бирæ. — Йæ цонг мын ме уæхскыл æруагъта æмæ арастыстæм уынджы ’рдæм. — Хуыцауыстæн, чеселттаг... Хæдæгай, дæ <ном мын куынæма загътай, — къæсæргæрон дзыхълæуд фæкодта æмæ мæм бынмæ æркаст. — Мæ ном дæр Симон. — Гъе, æнæрай дзы скæнай, кæд мæлæты маркафа ном нæу. Цæй уæдæ ныр кæрæдзийы куыд хоиæм? — Стыр катайаг хъуыддаг нæу, — ныфсæвæрæгау ын бакодтон. — Ды къуыдайраг Симон, æз та — чеселттаг Симон. — Гъе, уый ныхасæн бæззы,— бацин кодта къуыдай- раг Симон æмæ мæ афарста: — Зарынмæ та куыд дæ, зарынмæ, чеселттаг Симон? — Гъе, кæй ма ’ндавы зарын, æндæра-иу зарынмæ мæн агуырдтой чындзæхсæвы рæстæджы. — Мæ ныхас æцæгæлон марды уæлхъус бадæг сылгоймаджы хъарæ- гау фæлурс рауад, фæлæ ма цы... Къуыдайраг Симон галиу къухы амонæн æнгуылдз аргъæвæджы цур ныссагъта (рахис къух иырма дæр ме Ю
уæхскыл уыд), хæдопы ссывдтыты фæйпæрдэем акодта æмæ бынозæй ныллæг хъæлаесæй сæлвæста. Пармæ, дам, рацыдтæн бæгæныйы тыххæй. гъен. Знæгты фæцæгъдæм нæ зæнæджы тыххæй, гъей... Дунейыл мæ æппæт дæр æрбайрох. Баззад ма æр- мæст зарæг: Сосойы зарæг. Къуыдайраг Симоны хьæ- лæс денджызы уылæнтау фæйлауæнтæ кæны. Куы уа- рийы базыртау йæхи арвы риуыл асæрфы, куы рог уд- дзæфау ныллæг-ныллæг асимьк Æз дæр хъырнын. Хъыр- пын, мæ бон цы у, уый. Нæ къæхтæ уыцы уæззау æмист кæнæм ифтыгъд галтау, афтæмæй цæуæм уынджы. Раз- сгарджытæ ныл фæдисыуайджытау æмбырдтæ кæнынц. Мæрдадзы цæуджытау нæ фæстæ ныххал сты æмæ уæз- зау къахдзæфтæй хилынц. Бирæтæ дзы хъырнын кæй райдыдтой, уый дæр хатын. * * * Нартыхты Сосо, дам, афтæ бадзуры, гъей... Иу æмæ дыууæ хатты не сæлвæста къуыдайраг Си- моп Сосойы зарæг бынозæй. Иууыл йе ’взаджы алгъыл ауыгъд уыд, горæттаг чызджы хъусцæгау. — О, æмæ дзы цы федтай, Симон, цы, уыцы æрхæн- дæг зарæджы? Уый бæсты, йæ каистæм хъайла æмæ хæ- бизджын чи хордта, уыцы Цолайы зарæг уæддæр акæн. — Базы бæсты Симоны гуыбыныл мæ сæр æрæвæрдтоп пу улæфты рæстæджы æмæ йæм дзурын. — Фесаф æй, — йæ къух ауыгъта уый.— Фырхъайла- хæрдæй чи фæнизджын, уый номьтл æз мæ дзых гом дæр нæ ’бакæндзынæн. — Æмæ уæдæ Сосо дæумæ гæсгæйæ æнæхæргæйæ цардаид? — нæ сæттын æз дæр. — Уый, иуæй, къуыдайраг уыд, мæхиау, иннæмæй '1а — хъæбатыр лæппу... 11
— Уый дæр дæхиау, нæ? — фескъуыдтон ын йæ нЫ- хас. — Æз дæр цæуылнæ дæн? Иу хатт иу фынæй тæр- хъусы афтæ фæтæрсын кодтон, æмæ йæ хуыккомы бæс- ты куыдзы бын смидæгис! — Зæрдиаг худт ныккодта Симон. Фæлæ уыцы зарæг иу хатт цы расайдта, уый, хъæстæ фатау, мæ зæрдæйы сагъдæй баззад цæрæнбонтл’м. * * * Дæс лæппуйæ цæуæм радоп балцы. Командир иæ ныффæдзæхста къуыдайраг Симоныл. — Уъш цур уын хæсты бардуаг йæхæдæг дæр ницы хъом у,—разæнгардгæнæг мидОылхудт ахъазыд коман- диры цæсгомыл. — Зарын чи нæ зоны, уыдон удуæлдай тох цæй сæ- рыл скæной, ахæмæй сын ницы ис, æмæ куы нæ рацæуик- кой, уæд мæм хуыздæр кæсы, — йæхæдæг дæр хъазæп ныхас кæны Симон. Æмуырдыг ауыгъд къæдзæхы доны фыцæнæй иу фондз метры уæлдæр балыг кодта, машинæйы цæлхыты фаг зынæйчи комы, ахæм нарысæвн сосæвæндаг. Къæ- дзæхы фалейæ лыстæг пыхскъутæр ахсы уæрæх дæл- вæзы кæронæй галы æвзаджы фæтæнæн уаццаг. Чысыл фалдæр егъау уырыссаг хъæу. Знæгтæ йæ бацахстой. Нæ хæс цыбыр æмæ æмбæрстгонд у: хъæуы «æвзаг». Пыхсхъæды уаццаджы рæмпæгхæрд бутъробæласау ныллыгтæ .кодтой траншейтæ. Хъæуы кæрæтты айвæзт сындзтелæй æмбонд. Хъæумæ бахизæны гæзæмæ рухс кæны дард прожекторæй хауæг уæлæнгай рухс. Хъахъ- хъæиæг уæззау къахдзæфтæй бары бацæуæны сæвн. Рæ^стæгæй-рæстæгмæ,, мигъмæрæйæг куыйтау, махонты- рдæм дзæгъæлуагъд ракæны автоматы гуцъула æхст. Си- мон развæдсгарджытæй алкæмæн дæр бамбарын кодта йæ хæс, стæй сæ гуыбыны цъæрттыл абырыдысты раз- 12
мæ. Фыццаг сæ куыстмæ хъуамæ бавнæлдтаиккой тел- æмбонд лыггæнджытæ. Уый фæстæ хъæумæ талынг рæт- ты бацæуæн хъуамæ бабæрæг кæной разсгарджытæ. Стæй «æвзагмæ» банхъæлмæкæсæн бынат ссарын зын иæу. Уый къуыдайраг Симонæн йæ цæргæстимæ у, фæл- тæрд цуанон сырдбадæ,н куыд фæзоны, ахæм хъуыддаг. Разсгарджытæ куы ’рбаздæхтысты, уæд фехъусын кодтой: — Хъæуы кæройнаг, иууыл талынгдæр ран чи ис, уы- цы хæдзары ныккæндæй, зæххæй æрмæст æртæ æнгуыл- дзы бæрц чи зыны, ахæм фаарсагæй кæлы дыдзы рухс æмæ цавæрдæр уæззау рынчыны хъæрзын. — Эвакуацийы рæстæджы йæ низы фыдæй чи ным- бæхст, ахæм уыдзæн, — сæ ныхас сын фæбæлвырд кодта Симон. — Баххуыс кæнын ын хъæуы, фæлæ нæ куы ны- къуылымпы кæна,— йæ хъæлæсыуаджы фæзынд ды- зæрдыгдзинад. —Æмбал кæстæр лейтенаит, чи зоны нын йæхæдæг дæр исты ахъаз фæуа, хъæуы равæрд бацамонгæйæ, — йæ хъуыды баппæрста иу къæсхуыр лæппу. Ракетæйы цæхæр рухс куы фæнымæгис, уæд лæппутæ кæрæдзийы фæдыл азгъордтой æмæ хæдзары аууон ам- бæхстысты, стæй ссардтой ныккæндмæ ныххизæн. Арф уымæл ныккæнды асыччытæ, сынтæджытæ, стъол- тæ æмæ æндæр хæррæгъты аууон чъизи хуыссæиты хуыссы, халас хил хъуынайау кæуыл схæцыд, ахæм зæ- оонд лæг. Æрбацæуджыты куы ауыдта, уæд йæ х\ыз тынг федзæллаг. Симон тæрсгæ дæр фæкодта, зæгъгæ, фырадæргæй йæ зæрдæ куы аскъуыйа, фæлæ нæ аокъуыд. Хъуыддаг цæй мидæг ис, уый куы базыдта, уæд ма йæ цаесгом хъæлдзæггъуыз дæр бацис. — Мæ хъæбултæ! Æгайтма мæ амæлæты агъоммæ пæхицæй змæлæг федтон,—хъæрзгæ-хъæрзгæ дзуры. Ме ’мбæлттæй мын иу мæ фарс басхой-басхой кæны, фæлæ æз пицы хатын. Зæрдлагæй хъусын зæрондмæ. — Не ’фсин кæржф мыстау ш^ттъыссæнтæ кодта, кæм цы ссар- 13
дта, уыдон, фæлæ йын дзы истытæ ссардзыстæм. Тагъд ма кæнут. Æз дæр кæддæр хæстон лæг уыдтæн. Арæхст- гай цы саразай, уымæн дзы æмбал нæй. Чысыл уал уæ улæфт суадзут. Ам, хæстæджыты тас ницæмæй у, Мге зæрдæйы фæндиаг уал уæ истæ,мæйты суазæг кæиои, стæй зеххуыс дæр — мæ быгъдуан, — сыстад æмæ дуар- мæ ацыд. — Æмбал кæстæр лейтенант, ацы лæджы æз зонып. Æууæнк ыл нæй, — нæ фысым æддæмæ куы ахызт, уæд Симонæн ныллæг хъæлæсæй дзуры, мæ фарс мын чн схуыста, уыцы лæппу. — Раздæр дыл дзых нæ уыд?!— Йæ цæсгом фæтыз- мæг Симонæн. — Уыцы хуызæнæй йæ никуы федтон. Йæ пух цæсгом иууыл булкъдастæй дардта. Ныр ыл халас хил чырсау схæцыд æмæ йæ æвиппайды нал базыдтон. — Йæхи раст- гæнæгау бакодта лæппу. ...Æгæр æрæгмæ куы зынд нæ «рæдау» фысым, уæд Симоны цæсгомыл фæлм абадт. — Дуармæ цæугæ,—бардзырдьт хуызы сдзырдта.— Уым банхъæлмæ кæсæм дарддæры уавæрмæ. Чидæр фалæрдыгæй уынджы тагъд-тагъд æрбатын- дзы. Йæ астмафхæрд риу къуыззитт кæны. Цалынмæ кулдуары раз æрлæууыд, йæ улæфт фæзилыны тыххæй, уæдмæ йæ ничи базыдта, стæй нæ алкæй зæрдæмæ дæр бахылд дызæрдыгдзинад. — Ныххатыр кæнут, мæ цæргæстæ, — йæ къахы æл- гътыл рувасы уад æрбакодта ныккæндмæ фæуырдыггæ- нæнмæ æмæ райдыдта дзурын бынмæ цæугæйæ. — Не ’фсины азым у иууылдæр. Æгæр арф сæ ныфснайдта. Симон мын мæ фарсмæ февнæлдта æмæ мыл нык- кæндырдæм ахæцыд. Æз ын йæ хъуыды фембæрстон. Кард сластон æмæ къулгæрзетты ныккæндырдæм кал- мау æнæсымæй абырыдтæи. Нæ «рæдау» фысым дуар куы фегом кодта æмæ ныккæнд афтидæй куы ауыдта, уæд йæ тыхст хъуыр-хъуыр ссыд. Н
— Мæхи æрбайсæфтоп. Ахæм хъуыддаджы тыххæп немыцæй хæрзиуæг нæ, фæлæ æнæ стыр æфхæрд нæ аирвæздзынæ.н. Цæмæй ма сын хъуамæ бауырнын кæ- нон, сайгæ сæ кæй нæ кодтон, уый, — Фæстæмæ фæзылд, фæлæ йæ цыбыр хъуыр мæ комкоммæ куы схæццæ, уæд ын ыл кард æрбауагътон æмæ... Ме ’мбæлттæ мæнмæ сæ хъусдарыныл фесты æмæ кулдуары раз пемыцы ’фсад фысты дзугау куыд æрба- лæууыдысты, уый ничи фæхатыдта, цалынмæ Симон фæ- хъæр кодта «æхсгæут!», зæгъгæ, уæдмæ. Æвиппайды автоматтæ скуыстой. Ахæм фембæлд сæ фæсонæрхæджы дæр кæмæн нæ уыд, уыцы немыцæгтæ схъомпал сты. Уыдон æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, нæ нык- кæнды дуры бын æмбæхст кæсаджы ахст æркæндзысты, фæлæ сæ хъуыды фæсыкк æмæ ныр карст кæрдæгау зæх- хыл æркалдысты. Мах нæ уавæр куыд арæзта, афтæмæй ма цалдæр ахæм æрбабырсты дæр аппæрстаиккам фæс- тæмæ (кæрты ставд бæлæстæ нæ диссаджы хорз хъахъ- хъæдтой), фæлæ ракетæтæ хурбонау ныррухс кодтой бæстæ. Алырдыгæй ныл сæхи калын байдыдтой знæгтæ. Бацайдагъ къухæй хæст. Симон-иу рæстæгæй-рæстæг- мæ — æвæццæгæн мах разæнгард кæныны тыххæй — ны- цæлхъ ласта йæ уарзоп зарæг. Хъырнынмæ йын кæй ни- кæй æвдæлы, уый мæстæй-иу ноджы знæтдæрæй рай- дыдта дæрæн кæнын зпæгты. Уыйбæрц æфсады æмбисыл банцайын кæн дæс лæп- пуйæ æмæ стæй æвыдæй Сосойы зарæггæнгæ æрбафар- Дæг у фæстæмæ, уымæй хæрзиуæгдæр ма цы хъуамæ уы- даид, фæлæ... Бон куы ’рбарухс, уæд бирæгъты балæй байсæггаг фыстау тугæрхæмттæй лæууыдыстæм хæдзары къулмæ. Нæ разы та топпæргъæвдæй фехсынæввонг лæууыдысты знæт фрицтæ, фæлæ нæ цæмæдæр гæсгæ æхсгæ нæ код- той. Цæмæ кастысты, хæйрæг йæ зоиæг. Уыцы стыр хæсты цæджджинаджы нæ кæй ничи амард, уйы стыр диссаг уыд, фæлæ цалдæрæй рæхджы Г»
бынтон æнæ тугæй афтид голлæгтау зæххыл кæй æрхау- дзысты, уый бæрзег уыд. — Лæппутæ, нæ адзалы бон æрцыд. Æнæмæнг нæ фехсдзысты, фæлæ уæ йæ мæлæтыл джитæнгæнгæйæ мачи сæмбæлæд. Нæ туг райсын нæ ныффæдзæхсын ни~ кæуыл хъæуы. Бирæ уæлдайджынтæй йæ райстам. Ба- кæсут-ма, — йæхи тыххъæлдзæг кæны Симон æмæ хъæрæй дзуры кæртмæ амонгæйæ. Ох, æцæг цы дисса1 уыд уыцы кæртмæ бакæсып. Æрдæгмæрдтæ æмæ йæ туг æххæст кæмæп пæма ныууа- залис, уыдон ма æдых змæлд кодтой æмæ афтæ зыпд, цыма дынджыр цæджджинаджы бæзджып кас гæ:*æмх артыл уæззау пæртт-пæртт кодта. Немыцаг афицеры зæрдæмæ нæ фæцыд Симоны пы- хас. Бауад æмæ йын йæ мукъутæн иу дæнг скодта. Симоп æй къахæй сриуыгъта. Цæф суад артæнтыл. Уый хæрд- мæ фæхауд. Иæ сæр ноджы хæдзары къулмæ ахаста. Зæххыл адæргъис æмæ йæ тыбыртæ цæгъдгæ лыгсæр каркау гæппытæ кæны. Симон, цыма ницы ’рцыд, уыйау бынозæй сæлвæста Сосойы зарæг. Мах дæр, цас нæ бон уыд, уымæй нæхи фæфидар кодтам æмæ йын хъырпæм. Хъыриæм, уымæн æмæ нын уæлдай нал у, раздæр æвп фæстæдæр амæлæм, уый. Хъахъхъæнджытæ фырадæр- гæй цы акæной, уый нал зонынц. Æрра куыйтау рафт- бафт кæпынц. Мæпæй-ма! Уацайрæгтæ сæргуыбырæи лæууыпы бæсты заргæ куы кæной, уæд ма уымæй стыр- дæр цæф цы хъуамæ уа знагæи?! Æппыифæстаг сæ бых- сыиады рæтæнтæ атыдтой. Автоматтæ нæм фæцарæзтой, фæлæ уыцы уысм сæ уæлхъус æрбалæууыд æидæр афи- цер. Сæхирдыгонау сыл цыдæр схъæр кодта æмæ сæ мигæнæнтæ æруагътой. — Чи уæ райдыдта раздæр зарып? — цыдæр хииæй- дз^г мидбылхудгæ нæм дзуры ног афицер. — Æз, дæ бæрзопд ницæйагдзинад! — >йæ риу батъæпп кодта къуыдайраг Симон. — Æмае зарыны уавæры кæй нæ дæ, уый нæ зопыс? — 16
æвæццæгæн уырыссагау хорз нæ зыдта æмæ иттæг нæ бамбæрста Симоны ныхас. — Мах ныры хуызæн зарыны уавæры никуы уыды- стæм. Нæ туг райсыны фæстæ нæ мæлæтыл хъуамæ сæм- бæлæм заргæйæ. — Фидарæй дзуры Симон. — Иттæг хорз хъуыды, — фæзылд афицер, салдæттæй иуæн цыдæр загъта. Уый размæ йæхи фæгуыбыр кодта æмæ уынджы фалæмæ азгъордта. Чысыл фæстæдæр, йæ къухы иу ведрайы дзаг цыдæр тæнгъæд, афтæмæй æрбаз- дæхт. Афицер та йын цыдæр за’гъта. Салдат нæ фæстæты бауад, хæдзары къулмæ цы хъæды лыггаг уыд, уымæ сгæпп кодта æмæ ведра Симоны сæрыл фæдæлгом кодта. Ъензины æнуд тæф нын нæ фындзыхуынчъытæ ахгæдта. Симонæн йæ цæстытæ айдзаг сты. Цалынмæ уыдон сæр- фта, уæдмæ йыл афицер судзгæ спичкæ баппæрста, йæ хæдæг иуварс алыгъд æмæ салдæтты фæстæ бамбæхст. Æвæццæгæн тарст, зæгъгæ, мæ йæ фыртыхстæй фыдцæф '^куы фæкæна. Симон æгасæй пиллон арт фестад. Исдуг йæ мидбы- наты арауай-бауай кодта, стæй фæраст лыстæг пыхсы- рдæм æмæ йæ дзаумæтты скъуыдтæ калгæ ныййарц. Сындз телы сæрты судзгæ стъалыйау куыд атахт, уый ма ауыдтам, стæй... — Зар, Симон, зар! — куы адард, уæд йæ фæдыл ахъæр кодта афицер. — Заргæ æмæ судзгæйæ куы амæлай, уæд кадджын- дæр уыдзынæ. * * * Чидæр мæм фæстæрдыгæй æрбауад. Мæ къандзолы фаеччийæ мæ раласта. Симоны хъæбысæй мæ ратыдта. — Кæцы дæ, кæдæм мæ ласыс? — ме уæхсчы сæрты йæм уæддæр куы акæсин, уый мæ фæнды, фæлæ мын фадат нæ дæтты. Адæмæй мæ дард куы, п пжтя м&п-тæ. ША1[У["А йæхи- 2. Къæбысты 3. 17
рлæм мæ Фæзылллта. Йæ Фидао иæнгты ’хсæн мæ ахæ,м æлхъьтрц ньткколта, оаст мæ иыма лæмаргæ кодта. — Пьт тулжьт æохъис ма мæ ис, уый мын ма ньтллæ- мао, дæ хоозæхæй, — лæгъстæ йын кæньтн. Уьтй мып дзæвгао Фæпъатæ колта, стæй мæ ныууагъта. Ныр ба- зыдтон мæ кæстæо æ(Ьсымæр.ът йæ ньтвмæ гæсгæ. — Æрцæуинаг кæй дæ, уый куьт фехъуыстон, уæд алæ- бон лæо ньтлтæн аодæм, —æвæниæгæн мын мæ хъуьтды бамбæоста æмæ сдяыодта, стæй такси фæуоæдта æмæ мæ уьтм баппæрста. Симонæн исты зæгъыны бон дæр мæ нал Фæцис... Цалдæо боны фæстæ мæ хъæуæй оавдæлд мæ гооæт-' таг хæлæотты æмæ хæстæджытыл азилынмæ. Иу Фæзуа- ты биоæ адæм лæугæ куьт ауыдтон, уæд мæ зæолыл æо- балæууьтл къуыдайраг Симон æмæ сæм мæхи хæстæг ба- ластон.’Ибонау сæ зæодиаг худт куынæ хъуыст, уæд ма^ Симоньт уьтм баййафынæй ницы ныфс уьтд, фæлæ сæъг уæдлæр... Æ’мæ æцæг уæртæ Симон, мæхи зараг Симон! Бады бандоныл æмæ уæззау хъæлæсæй дзурьт цьтдæо иьтмыди- саг хабæрттæ. Адæм æм лæмбынæг хъусынц. Куы мæ ауыдта, уæд йæ дзурьтн фæуагъта æмæ Фестад. — Чеселттаг Симон, кæм дæ, кæм? Мæ иæстьттæ дæм куы ньтуурс сты? — Иæ хъæбысы мæ чыккодта. — Дæ фыдыстæн, къуыдайраг Симон, куыд аирвæз- тæ æнæбасудзгæ, уый ма мын зæгъ? — кæрæдзийыл цинтæгонд куы фестæм, уæд æй афарстон. — Ацьт адæмæн уыцы хабар дзурын. Ньтрма дæуэей кæм фæхицæн дæн, уьтрдæм не ’рхæццæ дæн. Æгайтма æрбацыдтæ, чизоньт мыл адонæй исчи нæ бау^æнда. Арт мыл куьт сирвæзт, уæд мæ зæрдыл æрб’алæууыд, ауыгъд къæдзæхы бьтн цьт гуылфæн уьтд, æмæ йæм мæ ных саоæзтон. Къæдяæхæй мæхи фехстон æмæ доны аофлæо абыоыдтæн. Куьтд дзы оахьтлдтæн æмæ мæ рын- чындонмæ куьтд бахастæуыд, уый мæхæдæг дæр нæ зо- нын. Уым мæ фемпъызтьттæ кодтой лæзæрд хæдонау, 18
æмæ мæнæ куыд дæн, афтæ мæ сарæзтой, уыцы æвир- хъау митæ аргъауы хуызæн кæмæ зынынц, уыцы фæси- вæдæн хъазæнхъулæн. — Хатыр, Симон, фæлæ дæхи аххос уыд, — сдзырд- той цалдæр лæппуйы. Афонмæ куыд никуы радзырдтай уыцы хабар. Алы ныхæстæ кодтой адæм, алы мæнг ны- хæстæ мысыдысты. — Ницы кæны, — арф ныуулæфыд Симон, — мæхи фидар кæнынмæ фæхъавын, фæлæ мæм исчи спичкæ куы æрбадары, уæд уыцы æлгъаджы афицер мæ цæсты раз февзæры. Афтæ мæм фæкæсы, цыма мыл ныртæккæ арт сæндзардзæн æмæ мæ зæрдæ фæцæйхъарм кæны. — Иæ фыдуынд цæсгом ноджы нырхæндæг æмæ ныффыдуынд. — Цæй-ма, ныр та ды ракæн, чеселттаг Симон, дæ ха- баарттæ, цы дыл æрцыд мæ фæстæ? — бахатыд мæм Си- мон. — Ех... — Арф ныуулæфыдтæн æмæ райдыдтон мæ уацары хъизæмæрттæ нывæндын. Адæм ныр та мæнмæ хъуыстой лæмбынæг... 1972 аз.
К У Ы Р Д — Уаедæ де ’нæуынон дæн, и, Саучызг? — Йæ ихсыд дæндæгтæ ныззыхъхъыр кодта Сесе, йæ цæсты кæрæттæ ныссыхуылтæ сты. Иæ уæзæгæвæрд къухтæ уæраджы чъилты ’хсæн æлхъывдæй кæрæдзийыл хафы. — Уыцы нозты дзæкъулæй дæ йæ риуыл æгънæгæн чи бахуыйдзæн, бын бауай?! — Саучызг асины гæзæн- хъæдыл йæ сины фæлмæнæй банцой кодта, æрттæдæ- лармæй йæ сæвджын гуыр дыууæрдæм æнкъусы. Иæ былтæ æлгъгæнæджы гæлиртæ аисты. — Нæ, фæлæ дæ зæрдæ дæр, дæ номау, сау куы уаид, уæд мæ афонмæ куыд нæ ныргæвдгæ фæдæ? — Иæ цæсты цъæх гагуытæ бынтон нал зынынц. Тъыфылтæ сыл, зæритауы цъæнутау, ныффæлдæхтысты. — Мæ бæсты дæ арахъхъ рæхджы ныргæвддзæн. Мæхи ма хуыцауы дзæгъæлы цы тæригъæдджын кæ- нон? —Асины къæпхæнтыл уæлæмæ сындæг фæхизы Саучызг æмæ Сесейыл йæ уæхсчы сæрты тызмæг дзырдтæ калы. ...Топпы дзыхæй нæмгуыты зæй, ихау, рацæуы... Топпы дзыхæй, ех, лæлпутæ, нæмгуыты зæй, гъей... Каерты æнгузбæласы бын фæхсбандоныл йæхи æруагъ- та Сесе. Ие ’фсæддон бур хæдоны дзыппæй систа цып- 20
пæрдигъон газеты къаннæг лыггæгтæ. Иуы дзы фæхицæн кодта, иннæты бафснайдта. Гæххæтты габаз йæ армы- дзыхъхъы æууæрды, цармнæмæгау, æмæ зары. Зары, æрмæст Михелимæ кæй зонынц, уыцы æнкъард зарæг. Гæххæтт хорз куы ныммыдул, уæд йæ хæлафы дзып- пæй сласта зæршд къæссайы фахсæй рæхсад чыссæ. Йæ ком ын райхæлдта, гæххæттыл æркодта хитаугæ тамакойы лыстæг карст æмæ райдыдта тухын, «сæгъы сыкъа» кæй хоны, уыцы даргъ бапъироз. — Саучызг,— хæрдмæ не скаст, афтæмæй.сдзырдта: Саучызг асины сæр мæстæй цъæхартуадзгæ кæй лæууы, уый æнæуый дæр хаты. Кæсгæ ма йæм цы кæна? — Цымæ мæ бинонты цард халынмæ æрхаудтæ ар- дæм, хæрзбын бауай? — Рауагъта та йыл уайдзæфы зæй Саучызг. — Михел мæ йæхæдæг куы ’рбахуыдта, — йæ «сæгъы сыкъайыл» арт бафтыдта æмæ фæздæг калгæ дзуры: Сесе, — кæд дæ нæ уырны, уæд-иу ын йæхи бафæрс, æрмæст уал мын иыр зæгъ, кæм ис, уый. — Уый дæр дæуæй хуыздæр кæу, æндæра дæ уыцы фыдхъызты дзоныгъыл хъæмпы куырисы ласт цы кодта горæтæй ардæм? — Гъе, æмæ мын дæ цæрæнбон бирæ, Саучызг. Æгайтма йæ зоныс. Ныр мын зæгъ, кæм ис,.уый?— иæ цæстытæ ныфсы ’рттывд фæкодтой Сесейæн. — Дæ тъæнгтæ куы фелхынцъ уой æмæ уым мæ ра- зы дæ тыбыртæ куы цæгъдай, уæддæр дын æй нæ зæгъ- дзынæн, — Саучызг йæ гом цæнгтæ тилы бындзсурæгау. — Бар дæхи, — йæ уæхсчытæ æнæмæтæй фелхъывта Сесе. Сыстад. Æмбонды æддейæ ма æрбадзырдта: —Дæ чындздзон чырыны йæ куы бафснайай, уæддæр æй ссардзынæн. Иæхæдæг мæ куы агура, уæд-иу æй мæ «заводмæ» сардау. Æниу æй йæхæдæг дæр дзæбуджы дзинг-дзингæй базондзæн. Æз уал иу дыууæ къæпийы ацалцæг кæнон. Рувæнтæ авд хохы фæстæ, мыййаг, куынæуал сты... 21
* * * Хæмпæлджыны хъæу сæ куырдæй райгшд сты, сæ къух сын æвæстиатæй кæй арæвдз кæны, уый тыххæй. Æниу, куыд адæймаг, афтæ йын мæнæ-мæнæ стыр аргъ ницы ис. Æвæццæгæн, адæймагæн йæхи цæсты бæрзонд аргъ куынæ вæййы, уæд иннæтæм дæр аслам фæкæсы. Сесе та никæй ницæуыл домы. «Мæ пенси мын фагæй уæлдайдæр у», — афтæ фæзæгъы, исчи йемæ аргъыл куы фæдзуры, уæд. Æмæ йын æцæгдæр фаг у. Хæрд дæр æ,мæ нуæзт дæр бæрцыл домы йæ фæлвых буар. Иу авджыдзаг ын кæд исч’И æрбадæтты, уæд ын цалдæр боны фаг вæййы. Уа- зæджы номыл та йæ «заводы» къæсæрæй нозтæнхъæл никуы ничи бахизы. (Куырдадз æмæ йын уый фарсыл цы цæрæн къæс ис, уыдон хоны «завод»). Ие ’дзухон уазæг у сæйраг дохтыр Михел. Иу бон дæр иумæ фæйнæ агуывзæйы уæлхъус куынæ фæбадой æм,æ сæ царды бонтæ куынæ фæмысой, уæд сын ад нæ кэ&ны. Диссаг кæсы хъæубæстæм: цы сæ схæлар кодта, иу мæн у зæгъæг уæддæр кæмæн нæй, йæхицæн арахъхъы агуывзæйы аргъ дæр чи нæ <кæны, уыцы куырд æмæ æнæхъæн областы дæр зындгонд чи у, уыцы дохтыр Ми- хелы? Хæйрæг йæ зонæг, кæддæр æй Михел сыгъзæрины уаргъы ласт æрбакодта областы рынчындойæй. Æнæхи- цау кæй у (хæст ын фæччыгъæдæн иу дард хæстæг дæр нал фæуагъта) æмæ сыгъзæрин къухты хицау кæй у, уый, дам, куыддæрты базыдтон. Хи ’фсымæрау æм ба- зылд. Схос ын кодта. Æмæ йын ныр уымæй хæлардæр нæй. Æцæг диссаг у. Дæрддаг уазджытимæ дæр æрмæст цалдæр минуты абады Михел, стæй йæхи айсы. Сесеи- мæ та æнæхъæн бон дæр фæбады. Суанг ма иу агуывзæ арахъхъ дæр баназы. 22
* * * — Нæ мæ агуырдта, Саучызг? — Михел фæлладгъуы- зæй йæ дзаумæттæ ласы æмæ срæрсы ^аучызджы. — 4и, чи, Михел? 4и дæ хъуамæ фарстаид?— ба- рæй йæхи æнæмбаргæ скодта Саучызг. — Лынцфарст ма мæ цы кæныс? Æнаауый дæр фыр- фæлладæй фæхтыхостау куы дæн, — срæхъыг михел. — Нæ, фæлæ дын кæд исты хицон у, уæд æл мæнæй цы ’мбæхсыс? Науæд æй æдзух дæ уæлæ оастоьй цы да- рыс? «Уыцы арахъхъы лалымæи хуыздæр кæимæ слымæн уай, уый дын нал разынд? Ныр мын æй цал Оафидис кодта чысыл хъаугъаиы рæстæджы дæр. ^есеимæ, дам, пуæзтдзуаныл чл оафтыд, уый усæй фылдæр, дам, исты дæ?—кæуæгау сдзырдта Саучызг. — Ьныр демæ дзур! Æз дæ хъуыддагæй фæрсын, ды та мын хъарджытæ кæныс, — йæхи оарæй фæмæсты- гъуыз кодта Михел. ...Михел æцæг фæллад кæй у, уый йыл зыны. Æмæ диссаг дæр нæу. Йæ куыст у фæлтæргæнæг рынчыны уавæрæн. Хатт хъæуæи-хъæумæ тыннывæндæгау фæцæ- уы, куы та фырæгуыстæй йæхи цы фæкæна, уый дæр нал фæзоны. Абон дæр ма рæстæгыл тых æм,æ фыдæй æрбафтыд, иу къуырииы фæрахау-бахауы фæстæ, йæ хæдзармæ. — Цæи-м-а, Саучызг, дæу куы фæрсын: нæ .мæ агуырд- та?—æрæджиау та йæ ногæй афарста Михел. — Нæ дæ агуырдта, — сбустæ иыл кодта ус. — Мæнг зæгъыс, — куыд бауырна Михелы, баууæн- дæн кæуыл нæй, ахæм хъуыддаг. — Нæ зæгъын мæнг. Æмае æцæгæй мæнг нæ дзырдта ацы хатт. Бецау, Сесе!.. Хосгæрдæнæй æвзæрдæр æм афæдзы рæстæджытæй, ницы кæсы. Цыма æппындæр зæххыл никæйуал фæхъæ- уы, йæхи афтæ фæхаты... Ностхæссæг газеттæ кæрты стъолыл æрæвæрдта æмæ 23
аздæхт. Михел хæдзарыдаргæ дзаума акодта æмæ га- зетты цур æрбадти. Михел хæстæй фæстæмæ иууыл фылдæр уарзы «Ком- сомольская правда» æмæ Сесейы. Æнæ уыдон, цыма нæдæр газет уарзид, нæдæр адæмы, афтæ æнхъæлы. Постхæссæг дæр ьш йæ равг зоны æмæ Михелы уарзон газет уæлейæ æрæвæры. Ацы хатт дæр та афтæ. Газеты цыппæрæм фарсыл Михел ставд дамгъæтæй бакаст, а фæстаг рæстæджы цæст кæуыл фæцахуыр, ахæм рубрикæ: «Хъуамæ мачи ферох уа, хъуамæ мацы ферох уа». Ацы хатт Михелы хъуыды тынгдæр фæца- гайдта уацы эпиграф: Топпы дзыхаай нæмгуыты зæй, ихау рацæуы; Топпы дзыхæй, ех, лæлпутæ, нæмгуыты зæй, ей... Михелы цæстытæ доны азылдысты. Цæмæндæр йæ хъуыдыйы февзэврди Сесе. Ныр æй цалдæр боны кæй нал федта, уый йæм фыдракæндау фæкаст. Фестад. Иæ дзаумæттæ дæр нал раивта, афтæмæй фæцæуæг Се- сейы «заводмэе». Йæ къухы газет изæры уддзæфæй ризы. * * * Æцæг хосгæрдæн у, фæлæ Сесейы «завод» куыд тыш æгуыппæг у, уый дисау фæкаст Михелмæ. Рæстæгмары- нæн къээпитæ та куыд нæ цалцæг кæны? Науæд сабиты дæр кæрдтæ нал хъæуы?.. Куырдадзы дуар зыхъхъыр. Ныллæг дурæй конд къæсы сæрмæ нæ бады аедзухон сылæг фæздæг. Æдзæ- рæггъуыз ыл, фæлмау, ныббадт. Михел фæтарст уыцы æгуыппæгдзинадæй, æмæ цалынмæ æвзæр ницы ахъуы- ды кодта, уæдмæ йæ ных æмраст ахаста Сесейц цæрæп къæсмэе. 1 ...Ах, дунескæнæг! Ахæм уæззау ныв фыдфыны дæр никуы фендзæнис лæг: Сесейæн йæ фыццаг æрдэег сын- тæджы, иннæ —зæххыл. йæ дзаумæттæ аердæглæсты- 24
тæп ныссуйтæ сты. Михел æй сыптæгыл уæлгоммæ куы æрæвæрдта, уæд æнæхъæн буар уыцы лæмаегъ уагъд лкодта йæхи. Цæстыты уæлтъыфалтæ æрфгуыты уæ- зæй бырынц фæлмæмбæрзт гагуытыл. Сесе сыл хæрдмæ тыххæст кæны. Æбæрæг кæмæдæр, æви цæмæдæр кæсы. Михел йæ уæрджытыл æрхауд Сесейы раз. Иæ хус риу ын æууæрды æмæ тыхстæй дзуры: — Хъус-ма, Сесе, — уигъы йæ, фæлæ Сесе хъуыды дæр ницы кæны. — Сесе, хъус, дæ хорзæхæй. Мæ.нæ цы диссæгтæ фыссынц газеты. Сесе йæ мæллæг цæнгтæ уæлдæфы, цыдæр агурæгау, æдых рауадз-бауадз кæны. — Хъусыс, Сесе? — уигъы йæ Михел. —Мах та афтæ ’нхъæлдтам, ничи нæ зоны. Уый тыххæй йæ нæхæдæг дæр æмбæхстам адæмæй. Ныр ма хъус, — кæсы Михел газеты уац. Сесе йæм хъусы æви нæ, уый нæ хатгæйæ. «Хæсты рæстæджы иууыл стырдæр тохтæй иу æрцыд нæ горæты. Æнæхъæн мæй мæлæтдзаг хæст, цæджджи- нагау, фыхтис, фæлæ не ’фсады хъæбатыр батальои йæхи мæлæтимæ мæлæт ссарын кодта æнæхъæн фашис- тон дæлхайæн дæр æмæ нæ горæт ссæрибар. Уыцы хæс- ты бирæ нациты хъæбатыртимæ уæлдай хъайтардзинад равдыстой ирон лæппу, батальоны сæйраг дохтыр Бы- зычъиты Михел æмэе абхазаг лæппу Лоруа Сесе. Фæн- ды нæ уыдон дарддæры хъысмæт базонын. К^д ма сын исчи ис, уæд нын ма бахæлæг кæнæит уыдон тыххæй бæлвырд зонæнтæ. Зын баууæндæн у, фæлæ ма сæхицæй, чи зоны, исчи удæгас у, уæд æй хонæм 9-æм майы нæ ^орæты стыр бæрæгбонмæ... Н-йы горæты фыццæгæм скъолайы ахуыргæнинæгтæ». — Цæуæм, Сесе? — бауыгъта та йæ Михел. Цин æмæ йæ хъыджы цæссыгтæ хуыдуг кæнынц. , — Цæуын... — гæзæмæ уынæргъы Сесе. — Кад æмæ уаелæнгай цыты номыл зылын къæцæл дæр никуы срасч кодтон. Царды раз, кусæг галау, мæ хæс фидгæ, мæ бои- тае фаетыдтон. Ныр цæуын... хæрзбон. 25
Ие уæнгтæ ма иу риуыгъд акодта æмæ... Михел цæф арсы богъ ныккодта. Сыхы устытæ æзфæраздæронæй л ъорынц Сесейы «заводмæ». * * * Михел йæ телæн тæфæрфæсы телы дзуаппæй фылдæр ницæмæ æнхъæлмæ каст. Посты гæсæн ныффæдзæхста, цæмæй йæ хъус дара. Уый дæр, цымы бын бадæг арсау, нындзыг телефоны уæлхъус. Фæтчыгъæдæн æй йæ цар- ды хабæрттæй дæр ничиуал бафарста. Михел фырадæр- гæй йæхи цы фæжæна, уый нал зоны. Сывæллæттæ фæдисы æфсæрст акодтой хъæуы кæ- ронырдæм. Михелы маст сæм рафыхт æмæ сæ фыццаг хатт ралгъыста. — Цы ’рцыдис уый? Цы ’рсырдтат, бындзагъд фес- тут? Ай ныл нæ хуыцау рафæлдæхт æмæ уæ хъæлдзæг уæвын куыд æндавы. — Сесейы амард уадиссаг кæй ни- кæй æндавы, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Чидæр- тæ ма йын йе ’гæр тыхстдзинад æдылы мимæ дæр исынц. — Бирæ адæм æрбацæуы. Æфсæдтæ дæр дзы ис. Ис сæм стыр трубæтæ æмæ сæ цæгъдьшц. — Сывæллæттæ фæстæмæ хæрзæггурæггаг згъорынц. Михел ницы ахæм æнхъæл уыд, фæлæ уэеддæр сæ размæ ацыд. ...Н-йы горæттаг минæвæрттæ дисы бафтыдтой æгас Хæмпæлджыны. Кæд фын нæу, уæд цы сæрра кодта ай- бæрц адæмы? Æфсæддонтæ æд музыкæ, ацæргæ лæгтæ, æвзонг фæсивæд. Иууыл сæ худтæ систой æмæ сæргуы- бырæй лæууынц Сесейы табæты раз. Саучызджы тынг фæнды йæхинымæр фырдисæй йе ’рттæ цæгъдыи, арахъхъы лалым Сесейыл йæ лæг Ми- хелæй дарддæр уыйбæрц мæтгæнджытæ кæй разынд, уый тыххæй, фæлæ йæ не ’вдæлы. М^иййаг исты уæлдай змæлд, кæнæ сыбыртт куы аирвæза йæ цыбæл хъустæ æмæ цæстытæй, уымæй тæрсы. 26
Цæгъды оркестр хъыджы музыкæ... Дзурынц уазджытæ радгай. Дзурынц æнæфенгæ, сгнæрцæугæ хъуыддæгтæ Сесейы тыххæй. Уæртæ иу ацæргæ лæг рацыд размæ. Иæ цъæх цæс- гытæ уымæл æрттывд кæнынц. Саучызг ьш расыг æн- хъæл у. Сесе дæр-иу иозтджынæй арæх разылдта йæ цæстытæ доны. — Зынаргъ æмбæлттæ, — дзуры уыцы лæг. — Не ’хсæпæй аивгъуыдта цæхæрзæрдæ æмбæстаг, æндонриу хæстон æмæ хæларзæрдæ æмбал. Мæхи цæстæй федтон, йæхæдæг уæззау цæф уæвгæ- пæ, нæмыджы ихуарды бынæй куыд рахаста батальоны дохтыр, ныртæккæ уæ хъæуы рынчындоны сæйраг дох- тыр Бызычъиты Михелы. — Адæм æмызмæлд скодтон. Цæстæнгасæй агурынц Михелы. Саучызгæн цыдæр уæз- зау æнкъарæнæй йæ зæрдæ бахъарм. Куыд ничи йæ фæхата, афтæ бандоныл æрбадт æмæ йæ цæсгом сæр- бæттæны ныттыхта. — Царды бирæ цыдæртæ федтон, фæлæ Сесе æмæ Михелы ’хсæн цы фидар, æнгом хæлардзинад уыд, уый хуызæн æндæр зьш зæгъæн у, — фæцис йæ ныхас уазæг. ...Оркестр цæгъды хæстон лæппуты тохы зарæг. «Мæ зæрдæйы уидæгтæ дын рухс цырæгътæ куы фестиккой æмæ дæ раздæр куы базыдтаин, Сесе! — йæ- хинымæры хъынцъым кæны Саучызг. — Ныххатыр мын кæн, Сесе, кæд дæ искуы фæхъыг кодтон, уæд, — æмæ йæ цæссыгтæ æргæр-гæр кодтой. 27
САУЛАГЪЗ ЧЫЗГ Изæрырдæм уыд æмæ тæгæры аууоп зæххыл ныд- дæргъ. Нæ дæр цъыфдзаст æвзары, нæ дæр къæдзæх ныддæргъ ис æмæ хуыссы. Суанг арвы кæронмæ аххæ,ст. Бæласы зæнджы алыварс ма дзы, къуымбил хæдоны бæзджын æфцæгготау, æрзылд иу цæг, стæй адаргъ ху- рыскæсæны ’рдæм. Нинæ йæ цæнгтæ йæ гом зæнгтыл, тæлыйау, æрба- тыхта. Иæ тымбыл роцъо пылыстæг уæраджы сæрты ’хсæн, цуркау, ныссагъта æмæ йæхи дыууæрдæм реуа- гæнæгау узы. — Зæххыл цы фылдæр уарзыс, Инал? — тæгæры иннæфарс цы бурдзалыг лæппу бадт, уыйрдæм æнæ- фæкæсгæйæ, сдзырдта Нинæ. Æниу æй бакæсын та куыд нæ фæнды, фæлæ йæхи, фыдахин сабиау, ныффæрск кодта. — Уарзыи куыстуарзаг мæлдзгуытæ æмæ саулагъ* чызджы, хи сæрмагонд агъуыст æмае пылыстæг зæнг- тæ,— æрдæгцъьшд цæстæй хинæйдзаг каст кæны Нинæ- йы ’рдæм, афтæмæй нымайы, йæ зæрдыл цы лæууы, уый. — Кусæг мæлдзгуытæ мæм æгæр зыд кæсынц æмæ сæ уый тыххæй нæ уарзын. Уымæй мæ зæрдæмæ тынгдæр цæуынц мыдыбыадзыты кафт æмæ велосипедыл искæй фæсарц бадын. — Нинæ йæ иу цæстæй сусæгæй кæсы 28
Иналы ’рдæм. Ие ’нкъарæнтæ йын дзæбæх куы ахъыдзы кæнид, уый йæ фæнды. Иналы бурдзалыг цæсгом фырцинæй ныррухс. Фес- гад. Зæххæй велосипед фелвæста æмæ Нйнæйы уæл- хъус алæууыд. — Сбад, Нйнæ, мæ фæсарц! Æз тынг бирæ уарзын мæ фæсарц саулагъз чызджы скъæфын. Чызг худæгæй бакъæцæл. Инал фæтыхст. Велосипеды бадæныл куыд февзæрд эемæ йæ хъæуырдæм куыд фæцагайдта, уый йæхæдæг чæр нæ базыдта... ...Нинæйы цæнгтæ райхæлдысты. Зæнгтæ сæхигъæ- дæй зæххыл адаргъ сты. Тымбыл роцъо пылыстæг уæр- цжыты ’хсæнæй фæиппæрд. Саулагъз иæсгомыл æр- хæндæгдзинады фæлм, сылæг мигъау, æрбадт. Иæ был- тæ базмæлыдысты æмæ се ’хсæнæй гæзæмæ райхъуыст: — Æз уарзын бурдзалыг... тæргайгæнаг бурдзалыг лæппуйы. Ацы дзырдтæ Инал кæй нал фехъусдзæн, уый зоны, фæлæ йæхицæн æхсызгон сты æмæ сæ уымæн загъта. * * * Нинæ айдæны раз лæууы æмæ йæхимæ кæстытæ кæ- ны. Иæ рæхснæг гуырыкондмæ йын нырмæ дæр фау "икуы ничи ’рхаста, фæлæ цæсгом... — Æвæдза, мæ цæсгом дæр иууыл фыдуындтæй нæу. Пырмæ дæр мæм дзæгъæлы хъыг каст, саулагъз кæй дæн, уый. Адæм дæр-иу мæ, æвæццæгæн, хæлæджы фауд ^одтой, æндæра ай хуызæн рæсугъд цæсгоммæ фау чи -ъуамæ æрхæсса? — афтæ ныхæстæ кæны йæхицæн. — Кæсыс та йæм, нæ? — Чидаер ын йæ хъуыдыта^ фескъуыдта. Уый йæ хистæр хо Фаризæт у. Нинæ йын иае цæсгом нæ уыны, фæлæ, тызмæггъуыз кæй у, уый ^æрдæйæ хаты. ^- Кæсын æмæ цин кæнын мæ рæсугъд цæсгомыл. — 20
Айдæны раз, къæлæсытæ кæнгæйæ, дзуры Нинæ. — Кæд мыййаг дæу дæр фæяды дæ... («сырхцъар» сцæйдзырд- та, фæлæ йæхи фæурæдта) цæсгом фенын, уæд мæ фарсмæ æрбалæу. Нæ дыууæйы фаг дæр у. — Æз цы кæнон, уый æвзарæг дæ ничи кæны, фæла^ дæлæ хъомы размæ акæс. Ныр тагъд æрбацæудзысты æмæ хъуг искæй цæхæрадонмæ бахиздзæн. — Фаризæт, ды зоныс, зæххыл иууыл рæсугъддæр саулагъзтæ кæй сты, уый? — Нинæ йæ зæвæттыл фæ- зылд æмæ Фаризæты æфцæджы атыхст. Иæ русæн ьш гæзæмæ пъа акодта. Фаризæт æй асхуыста. Иæ рус къухмæрзæнæй асæр- фта æмæ æлгъгæнæджы хъæлæсæй сдзырдта: — Уыцы ног зонд та дын дæ мазутæйдзаг тракторист бацагътаид дæ хъусы. — Тæккæдæр уый, фæлæ кæрæдзи кæй уарзæм, уый дæм хъыг цæмæн кæсы? — иу къахдзæф фæстæмæ алæу- уыд æмæ, хылмондаг лæгау, йæ сины сæртыл æрхæ- цыд. — Науæд æй тракторист цæмæн хоныс? Инженер æмæ тракторист кæрæдзийæ нæ хицæн кæныс? — Дæ хуызæн хъуымызбылтæ уарзондзинадыл са- гъæс кæной, уый аккаг нæма сты! — Йæ былтæ с&счъил- тæ кодта Фаризæт æмæ рацæуынмæ хъавыд, фæлæ йын Нинæ йæ цонгыл æрхæцыд. — Куыд хъуымызбыл дæн, уый ма мын зæгъ? Хъуы- мызбылтæ хъæууонхæдзарадон институты фæахуыр кæ- нынц фæсаууонмæ? Фермæйы хъугдуцæгæй ныр цал азы кусын? Науæд республикæйы Сæйраг Советмæ депута- тæй хъуымызбылты февза.рынц? — Уыдæттæй нæ хæдзар уæлвæндаг нæ фæцис, фæ- лæ дæ бынат зон æмæ дæ рохтыл дæхи къухæй фидар хæц. Æз дæ хистæр дæн æмæ уарзондзинад дæр æз хъуамæ банкъарон дæ разæй, чындзæхсæвы хъæр дæр ра’здæр мæ номыл хъуамæ айхъуыса нæ кæртæй. — Иæ фидархъæлæс, арвы нæрдау, гæрæхтæ кæны, фæлæ йыл Нинæ сахуыр æмæ йæ ницæмæуал дары. 30
— Кæд афтæ зæгъынмæ хъавыс, зæгъгæ, æз дæ хис- тæр дæн æмæ уарзондзинадыл никуыма сагъæс кодтон, уæд дæлæ сабитæн радзур уыцы хабар. — Йæ амонæн æнгуылдз æм æртхъирæнгæнæджы тылд кæны Нинæ. — Никуы сагъæс кодтон! — æхсаргарды цæфау æр- цъыкк ласта Фа.ршæт Нинæйы ныхæстæ. Фæзылд æмæ уынджырдæм фæцæуæг. — Уарзтай... Уарзтай... — йæ фæстæ цæуы æмæ дзу- ры Нинæ. — Ныртæккæ дæр уарзыс уе скъолайы фыц- цаг къласы ахуыргæнæг Ботазы. Фаризæт цæф арсы здæхт фæкодта. Хъуамæ йын алывыд акалдтаид, фæлæ Нинæ куынæ фæчъил ис, уæд фæзылд æмæ размæ фæцæуæг. Нинæ йе уæхскæй тарвазыл банцой кодта. Иæ сæр дыууæрдæм æнкъусы æмæ дзуры, йæ ныхæстæ Фаризæт- мæ куыд нæ хъуысой, афтæ: — Уарзыс, ме ’намонд хо, фæлæ дын нал тулы. Дæхи дын куы уарзтой, уæд рæстæджы къæхтыл архъан ныб- бæттынмæ хъавыдтæ, фæлæ дын йæ бауромын нæ бан- ,тыст. Ныр ма бæргæ зилыс уарзондзинады ихсыд къах- вæдтыл, фæлæ — дзæгъæлы. Къухæй цы аивгъуыйа, уый раздахын мардæрцыд свæййы... Æмæ та ныр дæр уар- зыс, мæ зынаргъ хо, фæлæ Нази... Æмбæлгæ дæр афтæ кæны. Дыргъ куыд рæгъæд кæна, афтæ йæ хордæуы. Æгæр рæгъæд дзы чи свæййы, уый ма кæд исчи, æппын- нæйы бæсты, дыргъмондаджы хæрд акæны, уæд райгонд ваеййы йæ хъысмæтæй. Афтæ у, мæ хо, æмæ мæн дæ сыгъдамонд фæндагыл иæуын нæ фæнды, фæлæ мæ ма къуылымпы кæн. Уæд- Даер дæм нæ байхъусдзынæн. $ * # Инал ма хъæууонхæдзарадон институты механиза- Нийы факультеты куы ахуыр кодта, уæд æй практикæ- Иы арвыстой Раройы хоркуыстгæнæг сорхозмæ, Тæккæ 31
æфснайæн куыстыты рæстæджы механизатортæ кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй йæм директор бахатыд, цæмæй сын аххуыс кæна. Дыууæ нал загъта. Æхца акусынь» фадат ын кæй фæцис, ууыл ма цин дæр бакодта, уымæн æмæ институт куы фæуа, уæд йæ хъуыддæгтæ æрбæстон кæныны тыххæй æхцамæ никæмæ баулæфдзæн: нæй ныййарджытæ, нæй æввахс хицæттæ. Йæ мад æмæ йæ фыд хæсты рæстæджы фесæфтысты. Чысылæй фæстæмæ сидзæрдоны хъомыл кодта, хорз фæцахуыр царды фæ- р.æзтæ агурыныл. Инал фатеры цард Нинæты сыхæгтæм æмæ базонгæ сты. Уымæй дæр хуымæтæг зонгæтæ нæ, фæчæ кæра> дзийы зæрдæты ссыгътой уа.рзты арт. Уый нырма хæд- æфсармдзинады æртхутæджы бын æмбæхст, фæлæ рæх- джы кæй сфæйлаудзæн, уый бæрæг уыд. Фаризæт сæ куы фæхатыдта, уæд мæстæй рафыхт. Иæ кæстæр йæ разæй чындзы фæцæуа, зæгъгæ, уый йæм каст зæххыл иууыл æгаддæр хъуыддаг. Гъе, æмæ алы къухаразæг уавæры дæр былысчъилæй худт Иналыл, «Тракторист, мазутæйдзаг, гæлхæрд...»— æмæ-иу æй цы нæ схуыдта. Инал институт каст куы фæцис, уæд кусынмæ дæр ацыд Раройы совхозмæ. Радтой йын иухатæнон фатер. Парторг ын дзы цыдæр дзаумæттæ æрæвæрын кодта. Нинæ йын æй дзæбæх бафснайдта æмæ Инал фьшцаг- хатт хи сæрмагонд цард куы банкъардта, уæд фырцинæй йæхи нал баурæдта. Фыццаг хатт атыхст Нинæйыл. Апъа йын кодта æмæ базарыд: «Æз уарзын саулагъз чызджы æмæ хи сæрмагонд ахстон». Нинæйæн æхсызгон уыдысты уыцы ныхæстæ (кæдчки- нырмæ сæм æнхъæлмæ кæсы!), фæлæ се ’нæнхъæлæ- джыйæ фæтыхст æмæ ацыд. Ацыд, йæ къæхтæ йæ кæдæм хастой, уыцы ’рдæм. Иæ къæхтæ та йæ ахастой хъæугæ- рон пæлæхсар тæгæр;ы бынмæ. (Уым-иу арæх фембæ- лынц Иналимæ изæрыгæтты). Сбадт нæууыл. Иæ пылыс- тæг гом зæнгтыл йæ цæнгтæ, тæлыйау, æрбатыхта. Йæ 32
тымбыл роцъо сын, цуркау, се ’хсæн ныссагъта æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Инал велосипедыл куыд æрба- цыд, уый дæр нæ фæхатыдта, цалынмæ тæгæры дæрзæг буарыл йæхи не ’рхафта, æмæ не ’рбадт, уæдмæ... ...Инал хъæумæ нæма бахæццæ, афтæ йе ’нахъола мийыл æрфæсмон кодта æмæ фæстæмæ йæ дзæхст уым фæцыд... Фаризæт къуымты рог зилæнтæ кæны. Йæ сырх фын- дзы хъæлæй хид лæдæрсы... — Борыхъон, рæвдздæр архай. Ма та ныббæзцъæрт- тæ кæн дæ уæливыхтæ, — цырд кæны йæ мады. — Уæй, адон бæргæ тагъд уыдзысты, фæлæ та нын ацы фыдæбон дæр, иннæ хæттытау, куы фæцъæмæл уа, уый дудгæбон мæ ис, — бачъис-хъус кодта зæронд ус. — Цы дын зæгъын, уый кæн æмæ мын мæ зæрдæйы хъæдгом ма агай, — æрдæглæгуын гогызы пакъуытæй армыдзаг мæсты тынд скодта æмæ сæ зæххыл ныццав- та. Зæронд ус ницыуал сдзырдта. — Цыма та кæйдæр руаджы адджын æхсæвæр хæр- дзыстæм, ахæм тæф цæуы мæ фындзыл. — Кæрты дуа- рæп æрбахызт Нинæ, йæ халаты æгънæджытæ æвæргæ. — Сынкъ æрзайæд дæ фындзыл, æдзæсгом! — йæ цæстытæ йæм мæсты хъулæттæ скодта Фаризæт. — Гыцци, æри ма дæ бæсты æз ракæнон уæливыхтæ. Чи зоны, цы фарн уа мæ армæйдзаджы. Чи зоны, фех- Цон уа усгурфæлдисæг хуыцауæн нæ цæхджын хойраг. — Айс дæ сау цæсгом мæ разæй! — фæхъæр та йыл ]<одта Фаризæт. Æндæр хатт æрдæглæгуын на.рд гогыз ^æР нæ бавгъау кодтаид Нинæйыл ныццæвынæн, фæлæ Иае ныртæккæ нæ фæнды йæ фыдсыл равдисын. Уæд йæ СьФхцъар цæсгом ноджы ныггæлиртæ вæййы æмæ йæ ,1с^йнæфæлтау Ботаз афтæмæй æрбаййафа, фæлтау Къæбысты 3, 33.
быхсдзæн. Иннæ усгуртæ дæр-иу æй ахæм ницæйаг хъуыддæгты тыххæй бафаудтой æмæ... Æмæ быхсы. Цы бæрæг ис, цафоы фæзындзæн Бо- таз, уымæн. Рæстæг банысан кæнын хъуыд, фæлæ йæ æвзæрмæ куы бамбара, зæгъгæ, уый тæсæй ницыуал загъта. Цы кæна, мæгуыр, Фаризæт дæр? Фынддæс æмæ йыл ссæдз азы аивгъуыдта æмæ нырма йæ амонд не ссард- та. Фондз æмæ йыл ссæдз азы цалынмæ нæ сæххæст, уæдмæ йыл усгуртæ, мыдыбындзытæ ног дидинæАтыд балыл куыд фæдзыгуыртæ кæнынц, афтæ æмбырдтæ кодтой. Уыцы уавæртæн искуы кæрон уыдзæн, уьтй йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Æмæ йæ зæодæйы лзæбæ- хæн лæппуты уарзондзинадæй хъазыд. Уый сЬæстæ къæс- савæлдæхт фесты æмæ ма йæхæдæг бæргæ фæлвары искæй зæрдæйы арт сæндзарыныл. Кæй хæдзармæ фæ- хоны, кæмæн зæпдылдарæн лæвæрттæ балхæны, сЬæла? нæй æмæ нæй. Уарзондзинады фурды йе ’нгуыр ницæ- уылуал хæпы. ...Æмæ та сæм æпбаныд ног ахуыргæнæг, Ботаз. Фа- ризæтьт уапзонлзинал лæр та йæ рыгтæ апагъта æмæ ракаст чынлзлзон чызджы амондагур пæстытæй. «Чьтсьтл йæ -рахиз къахæй цуды, стæй мæхицæй кæс- тæр уыттзæн, (Ьæлæ йьтн ницьт у». —Абтæ ахъуьттш коц- та. (Ььтппаг æй куьт Ледта. уæя. Æмæ ряйпьтдтя йæ алы- варс зильтн. Уьтйбæпц бакодта, æмæ йын абон йæхи дзы- хæй зæгъын кодта: — Ау, Фаризæт. хср-донæй нæ цæрут? Иу хуынд дæм цас диссаг кæсы? Дæ мады конд уæливыхы хъæстæ мæ уæддæр фæкæн. — Кæм баввæрсдзынæ? — Фаризæт йæхи барæй ба- къултæ кодта. ’ —Мæ Лылыстæн, тынг æхсызгонæй ацæуин. — Уæдæ нæм абон чи нæ рацæуа, уый... — Уый мæрдтæ сæхимæ ма бауадзæнт. — Цыдæр хъæлдзæг уыд Ботаз абон, ?Л ;
— Уæдæ бадзырдтам? — Бадзырдтам, чи нæм фæраздæр уа хонынмæ, уый хæдзармæ фæзыныныл. — Ацы фæстаг дзырдтæн ницы бамбæрста Фаризæт, фæлæ йæ хъæугæ дæр ницæмæн кæнынц. Фæхондзæн æй æмæ фæцис. Уроктæ куы фесты, уæд ма йын йæ хъусы бадзырдта, зæгъгæ, дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн æмæ атындзыдта. Уæдæ ма йæм æндæр куыд хъуамæ фæраздæр уыдаид хонынмæ? ф % % Ботаз педахуыргæнæндон каст куы фæцис, уæд цал- дæр азы фæкуыста иу хæххон хъæуы райдиан скъолайы, уый фæстæ йæ ракодтой Ра.ройы хъæуы астæуккаг скъо- ламæ фыццаг къласы ахуыргæнæгæй. Хъæумæ цæугæйæ, автобусы бадт фæцис Раройы хъæуы библиотекæйы гæс Назийы цур. Базонгæ сты. Нази йæ сæхимæ бакодта, цалынмæ фатер агуырдтаид, уæдмæ. Иу цалдæр боньт сæм аззад. Кæрæдзийæн фæадджын стьт, æмæ... к: * * — Чызг, айдæны раз та дæ саулагъз цæсгоммæ кæ- сыныл ма сбæндæн у, фæлæ хъомы размæ акæс. Хъуг искæй цæхæрадонмæ бахиздзæн, — кæртæй хæдзармæ бахъæр кодта Фаризæт. — Уæдмæ кæд сиахсаг зынид. Уый йæм арвитдзыс- тæм, — адзырдта йæм Нинæ. — Бирæ куы нæ дыв-дыв кæнис! — Цæмæй йын тæрсыс? Хъуг æр-баскъæрынхъом кæд НæУ, уæд дæ хуызæн дынджыр чызджы куыд ахæс- Дзæн? — Къæсæрыл алæууыд Нинæ æмæ йæ цæст хи- иæйдзаг ныкъуылд æркодта. — Де ’фсæртыл дур æруайа, хистæры аргьуц дзы 35
уæддæр фæкæн, — йе уæхсчы сæрты йæм ракаст мад æмæ йæм йæ цæстытæ схъулæттæ кодта. — Хистæр æмæ кæстæр куы зонид, уæд мæ разæй чындзы цæуынмæ йæ гæрзтæ нæ рабастаид.— Иæ уай- дзæфы хай баппæрста Фаризæт дæр. — Æз чындзы ницы цæуын, — фæзылд Нинæ æмæ йæхи сынтæджы æрæппæрста. — Науæд ма бафæлвар. Æцæг, саулагъз цæсгомы хицауæн цы нæ бантысдзæн. Фæлæ зон: цалынмæ æз ам уон, уæдмæ ацы хæдзары къæсæрæй йæ къах не ’рбавæрдзæн. Кæд уынгæй йæ фæдыл афардæг уай, уæд гъæй кæн. — Куынæ смæсты уаид, уый йæ фæнды, фæ- лæ йæм уæддæр цыдæр хъыг зынын байдыдта. — Уæдæ ам чызг ма уæд, куыддæр фынгыл æрбадат, афтæ уын æй уæ уæлхъус куынæ ’рбалæууын кæнон, — бадгæйæ, чысыл сабиау, гæпп-гæпп кæны сынтæджы. — Цы дын загътон, уый бакæн æнæмастæй, — фæстаг фæдзæхсæджы хъæлæсæй сдзырдта Фа.р/изæт.—Мæрдты радгай ныгæдæуы. Рæстæг куы уа, уæд нæм кæд дæ ма- зутæйдзаг трактортæрæджы аккаг дæр исты разынид. — Гъе, æмæ æз æрбакæндзынæн уыцы трактористы, стæй хуыздæр чи уа, уый-иу æй асурæд. — Мæ цæсты разæй фæдæлзæх у! — йæ алыварс цæ- вæнгарз ацагуырдта, фæлæ куы ницы ссардта, уæд тынг- дæр рамæсты. Нинæ фæхатыдта, ныр æм дзурæн кæй нал ис, уый æмæ ацыд. Ацыд, къæхтæ йæ кæдæм ахастой, уырдæм. Иæ къæхтæ та йæ ахастой совхозы къантормæ. Хъуа- мæ Иналы бафæдзæхса. Уадз æрбацæуæд, æндæра йын цы кæнид Фаризæт... * * * Тымбыл фынджы алыварс уыцы сындæг зилы Фари- зæт. Хæринæгтæн сæ бынæттæ раив-баив кæны. Куыд рæсугъддæр сæ азрæвæра, ууыл хъары йæ уд. Æппьш- 30
фæстаг ма йæм уаты Цыппар къуымæй лæмбынæг æрба- кæстытæ кодта, стæй йæ мады афæдзæхста: — Дæ райстбавæрд дзаума скæн. Дæхимæ кæс. Фынгыл бадгæйæ дæ уæлдай ныхæстæ ма ирвæзæд. — Ой, мæ тæригъæд дæ уа, кæд мæн не ’рвитыс чын- дзы, — бахъуыр-хъуыр кодта мад. — Цы дын зæгъын, уый кæн. Ныры усгуртæ ахæм къулбадæг сты æмæ куыдзы синтыл уæлдай фисты бын- дзыг куы фенынц, уæд уый дæр рæгъмæ хæссынд. — Хорз, мæ къона, хорр. Мæн тыххæй ницы æрцæу- дзæн, Фынг куы сцæттæ, уæдæй бирæ рæстæг рацыд. Нинæ фермæйы куыстытæ ахицæн кодта, хъуг æрбаскъæрдта, æрдыгъта йæ. Бакодта изæры зылдтытæ. Фæлæ Ботаз зынæг нæма ис. Фаризæт тынг тыхсы. Арæх абæрæг кæны хæринæгты. Мыййаг куы ныууазал уой æмæ дзы Ботаз адджынæн куынæуал бахæра, уæд Фаризæтæн йæ зæрдæ фæрисдзæн, Лæууы балкъоныл æмæ уынджы тигъмæ лæмбынæг кæсы. Исчи куы фæзыны, уæд йæ зæрдæ тыхсттæлфт скæны фырцинæй, фæлæ æндæры ’рдæм куы азилы, уæд æй скæуынмæ бирæ нал бахъæуы. Раджы баталынг, Цæст рæстмæ нал æвзары, Чидæр- та фæзынд уынджы тигъыл. Комкоммæ æрбацæуы Фа- ризæты ’рдæм, Уый уыдзæн. Дæлæ кулдуары раз æр- лæууыд. Ныр æм ахизын æмæ иу уæлæнгай уайдзæфы ныхас дæр æмбæлы, Фаризæт асинырдæм куыд акъах- дзæф кодта æмæ йæ дзых куыд схæлиу кодта уайдзæфы ныхас зæгъынмæ, афтæ æрбацæуæг йæхæдæг фæразæй. — Ам стут, хæдзаронтæ, — æрбахъæр кодта, фæлæ диссаг уый у, æмæ Ботаз нæ, фæлæ Назийы æфсымæр кæй разынд. Фаризæт ыл мæсты хъæр фæкодта: — Цы дын баззад ам?! — Нази дæ хоны. — Æмæ уæм цы ис? —■ Нысан исы. 37
— Кæмæй’^ — Ботазæй. Уыцы фæстаг дзырд, дзæккоры цæфау, æруад Фари- зæты сæрыл. Сынтæгмæ ма бахауд, стæй ницыуал ба- зыдта. ,..Куы ’рчъицыдта, уæд йæ уæлхъус лæууыдысты йæ мад, Нинæ æмæ Инал (уый иуварс лæууыд æфсæрм- гъуызæй). Фаризæт сæм иудзæвгар æнæдзургæйæ фæ- каст. Иæ зæрдыл æрлæууын кодта, хъуыддæгтæ куыд рауадысты, уый. Ахъуыды кодта, цы йæ саразын хъæуы, ууыл, стæй сынтæджы рабадт æмæ ма ныр цалдæр азы фыццаг хатт сдзырдта фæлмæн хъæлæсæй: — Цæмæн афтæ лæуут? Бадгæ скæнут, Сыхæгтæй искæмæты фæдзурут æмæ уын уæ амонды тыххæй аку- вой, Инал, ды дæр истæмæты фæкæс. Æцæгæлон куынæ уал дæ мыййаг ацы хæдзарæн!..
ФÆСТАГ МИДБЫЛХУДТ Автобус тæхы æмæ тæхы. Куы, калмау, къæдз-мæдзы- тæгæнгæ фæндагыл уайы арф кæмтты, куы, сычъийау, йæ ных саразы хохырдæм. Мæ фарсмæ иу лæппулæг бады. Игæргъуыз папкæ йæ уæрджытыл лæууы, уый уæлæ та — цæнгтæ рæмбыны- кæдзтæй æддæмæ. Мæнæн дæр æнцад лæууынц мæ цæнгтæ, æрмæст папкæйыл нæ, афтид уæрджытыл. Пап- кæ дæр мæм ис, фæлæ, нæ фæстæ йæ мады (чи зоны йæ фыды мад у) хъæбысы цы чысыл лæппу бады, уый мын æй байста. Бæгуы хъазæн ын нæ разынд. Иæ бæттæнтыл ын ныххæцыд æмæ йæ хойы йæхи фæрстыл, йæ мады сæрыл, стæй мæ къæбутыл дæр. Уадз æмæ йæ хойа. Уы- насæй мæн дæр фæндыдаид афтæ хъазын, фæлæ æз папкæджын лæг никуы федтон, никуы дæр автобусы бадтæн. Кæмæй байстаин ахæ^м хъазæн? Нæхи Лексо-иу мæ хъацæнтæласæн куыфы куы авæрдта, уæд мæхицæй ^тььрдæр лæг никæйуал æнхъæлдтон. Лексойы уис-иу баистон, мæнæ мын ацы лæппу мæ папкæ куыд байста, афтæ. Галты синтыл-иу æй, хырхæйфадæгау, хафтон. Мæ цæст сæ цæвын нæ уарзта. «Стыр лæг тыхджын вæй- йы æмæ уæд та мæ цæфæй галы синтæ дыууæ дихы фес- ТЬ1», — хъуыды кодтон. Алкæмæ дæр мæ уæлейæ бынмæ кæсын фæндыд, фæлæ-иу мын Лексо йæ къух-къулæг 39
кæ сæрыл куы ’руагъта, уæд-иу мæ йаё уæз куыфы зыХЪ- хъыры фæцæйтъыста. — Цымæ искуы ды дæр хъацæнтæ ласынхъом фæуы- дзынæ, бызыкка? — уалæ-иу мæм арвæй дзурæгау æры- хъуыстысты йæ ныхæстæ. — Быдзы дæ, быдзы. Быдзы цы у, уый зоныс? Мæнæ картофы бынæй хæрз лыстæ- джытæ куы разгъæлы, ныхысæры йæстæ. (Зонын æй, Лексо та йæ амонæн æнгуылдзмæ хистæр æнгуылдз ныббыцæу кодта. Æз æм нæ кæсын). Ды дæр( уыйас дæ. — Иæ хъæлæс ныдздзыгъал-мыгъул кодта. «Æппындæр никуыуал сбаддзынæн ацы хуымæллæ- джы хъилы куыфы», — ахъуыды кæнын, фæлæ марадз зæгъ! Иæ цæстытæ-иу æнцъылд тъыфылты ’хсæнæй куы бахудтысты, уæд-иу мæ зæрдæ атад. «Цæуыл æй æрымысыдтæн?» О, о. Лæппу мын мæ къæбут æрбацавта папкæйæ. «Хуыздæр фæу. Æрымы- сыдтæ мын æй». — Уæртæ уый Ганис у, — бахъуыр-хъуыр кодта мæ цурыбадæг: «Ды дæр хуыздæр фæу. Абондæргьы дæ иу ныхас сирвæзт». — Ныртæккæ хохы сæр.мæ сгæпп кæн- дзыстæм, — дзуры дарддæр. — Чысыл дæлдæр дзы ис диссаджы хорз суар. «Æнæрай дзы фæу!» — Уæдæй нырмæ йæм нæ хъуыс- тон, фæлæ ныр æнæхъусгæ нал ис. Æвзаг комы къуымты зилы. Уымæлад агуры. ДæлæПасанауры цавæрдæр цæх- джын хъæрмхуыпп бахордтам. Уым дæр иу ран бад- тыстæм. Ныхæй-ныхмæ. Æнæдзургæйæ хуыпп кодтам тæвд бас. «Ацы тæвд хæринагæй лæг йæ комы къултæ сфизонæг кæндзæн», — зæгъгæ, загътон æз иу рæстæ.- джы, фæлæ уый уæддæр ницы сдзырдта. Иæ хъуынджын æрфгуытæ цæстытыл æрфæлдæхта æмæ æ,нæсыбырттæй сыллыпп кодта... , Машинæ йæ цыд фæсабырдæр кодта. Уалынмæ суа- донмæ æввахс ныллæууыд. — Сындæггай баназут дон, — машинæйы дуар бакод- та шофыр æмæ дзудоы бæлццæттæм. — Тагъд ма скæнут. 40
Уæддæр нæ алæууын бахъæудзæн. Мæ машинæйы цы- дæр йæ гаччы нал ис. Ардæм дæр ма йæ доны тыххæй тыхыссыд æркодтон. Æнæ бацалцæджытæ йын нæй. Хизынц адæм. Мах дæр. Мæ сыхаг йæ игæргъуыз папкæ галиу дæларммæ систа. «Тынг æй хъахъхъæны. Цыдæр ахсджиаг гæххæттытæ йын дзы ис». Фæндаджы былыл лæууын æмæ фæйнæрдæм кæсын. Банызтон дои. Хæстæг бацыдтæн шофырмæ. Уый маши- пæйы сæры «тенкæ» систа. Иæ хуыл^ы ныббырыд. Иæ мазутæйдзаг къухтæй цыдæртæ архайы. — Æрæгмæ сцæттæ уыдзынæ? — фæрсы йæ чидæр. — Тагъд... Æвæццæгæн шофыры цур кæй лæууын, уымæй йæ хъыгдарын. Фæндаджы былырдæм азылдтæн. Ме ’мбæ- лццоныл та хæрхæмбæлд фæкодтон. — Диссаджы хорз дон у. Банызтай ма дзы искуы? — афарста мæ. — Нæ. — Æвæццæгæн дæ хæстæджыты абæрæг кæнынмæ цæуыс? — Хæстæджыты дæр цæуылнæ, фæлæ уал ныртæккæ æндæр хъуыддаджы фæдыл цæуын. — Цавæр хъуыддаджы? — Æрæгмæ ралæмæрста ацы фарст. — Цыдæр куыстæн мæ архивæй æрмæджытæ хъæ- уы,—дзуапп радтон æз. Уый дзургæ ницы скодта. — Уæдæ æз дæр раст ахæм хъуыддаджы тыххæй уыдтæн уæ горæты. Куыд диссаг у: æрмæджыты тыххæй мæн сымахмæ цæуын бахъуыд, дæу та — мах- мæ... Хорз горæт уын ис. Æз ма дзы уыйразмæ дæр уыд- тæн. Нæ горæты кæддæр кæй уыд, уый мæнмæ диссаг нæ фæкаст æмæ йæ бафарстон: — Истæуыл фембæлдтæ? — Хорз. Ныр: мæ диссертацийы афыссынæй дарддæр пицыуал хъæуы. Мæймæ йæ акъæрцц ласдзынæн. — 41
Хъæлдзæг ныхас кæныныл архайы, фæлæ цæстытæ æрф- гуыты бынæй ралæсын нæ комынц. — Тæхудиаг дæ, — багуым-гуым кодтон. — Цæмæй? — фæджихау. — Дæуæн фæугæ кæны, æз та æрмæджытæ йеиыр райдыдтон æмбырд кæ.нын. Кæд цы уыдзæн. — Ницы кæны. Иу дыууæ азы арауай-бауай кæндзы- нæ æмæ фæцис. — Иыфс мын авæрдта. «Хуыздæр фæу. Дыууæ азы. Куыд æнцонæй сæ æр- цъыкк ласта...» — Ныр цæттæ у. Сбадут, — машинæйы сæры «тенка» æрæхгæдта шофыр. Иæ къухтæ бензинæйдзаг хæцъилæй сæрфы. Куы сбадтыстæм, уæд алчидæр йæ сахатмæ æркаст. Æз дæр: «О-гъо!»—чысыл ма бахъуыд сирвæза мæ. Æцæг куыд диссаг у техникæ! Æнæхъæн цыппар са- хаты не сбырыд шофыр машинæйы хуылфæй. Æмæ дзы уыйбæрц цы арæзта? Æхсæвы иуæндæс сахатыл бахæццæстæм горæтмæ. — Ам дын хæстæг фысым ис? Кæм æрæхсæвиуат кæн- дзынæ? — фæрсы мæ. (Диссаг, абондæргъы иумæ стæм æмæ йын йæ ном дæр нæма базыдтон). — Уазæгдонмæ кæд ацæуон, — цыдæр ныфссастæй сдзырдтон. — Уазæгдоны бæсты махмæ рацу. Хорз фысым дын куынæ фæуæм,, уæддæр агъуысты бын уыдзынæ. «Æгæр æвæндонæй цыма дзуры, фæлæ цы гæнæы ис? Уазæгдоны дæр бынат куынæ разына, уæд цы фæуыдзы- нæн æнæзонгæ горæты?.. Цы уа, уый уæд», — загътон: — Цæй,, абондæргъы иумæ цæуæм æмæ мæ иу æхсæв бавæр. Æцæг нырма кæрæдзи нæмттæ дæр нæ базыдтам, фæлæ нырма дæр гæнæн ис. Æз Хъæцмæзтæй дæн. Мз? ном Цæргæс. ’ — Æз та Бегъуырæты Гæзæмæ. Цæуæм. Иæ номау йæ хуынд дæр гæзæмæ у, фæлæ цы гæнæн ис? Иу æхсæв кæд исчердæм «бафæразин». 42
Папкæ дæлармæй æрхызт. Йæхи рахис армы амонæи ^нгуылдзыл æрцауыгъта æмæ уæрджытыл гæппытæ кæ- ны. Гæзæмæ размæ агуыбыр. Иæ фæтæн уæнтыл электро- пы рухсы тынтæ хъазынц. Иу хæдзары кулдуар ба- кодта. Разæй бахызт. Æз йæ фæдыл. Хъæдын асины къæпхæнтыл, хъуызæгау, арæхстгай цæуы. Иæ къæхты бын фæйнæджытæ бахъинцъ-хъинцъ кодтой. Асины сæр къулмæ февнæлдта æмæ рухс ссыгъта. Гæзæмæ йæ къахы æлгътыл бацыд лæгъз астæрдыл. Дуар бахоста. «Кæцы дæ уый?» — цыдæр зонгæ, æхцон, фæлæ мæс- ты хъæлæс райхъуыстис мидæгæй. — Æз дæн, — ныллæг хъæлæсæй загъта Гæзæмæ. «Уæд мын дæ гуыбын фæрисса! Нырмæ кæм лæ- зæрдтæ, уым иу æхсæв нал ныммæрдсад кодтаис!» — Ме ’мкъай у, — мæ хъусы цур мын басыбар-сыбур кодта. «Йе ’мкъай? Æмæ мын йæ хъæлæс та кæцæй зонгæ у?» — фæрсын мæхи. — Иæ нуæрттæ риссынц. Æвæццæгæн та æнæфæраз- гæ у, — æфсон кæны Гæзæмæ. «Цæмæн мыл кæны зонгæйы узæлд уыцы тызмæг хъæ- лæс? — Цом кухнимæ, — сдзырдта Гæзæмæ. Æз цæуын йæ фæдыл. Нæ фæсонтыл та сæхи ныххостой уыцы тызмæг •\ъæлæсы зæлтæ: «Дедтæ кухнийы кæрдзын бахæр æмæ искуы ныссæй. <Хуыздæр фæу, йемæ ма исчи ис, уый нæ зоны, æндæра Ул-Д «иыссæйут» загътаид». * * * Фæллад лæг цас хъуамæ бахордтаид уазал хъæрм- -^Уыпп аемæ зæронд дзулы хус къæбæртæй? Стæй канд )флладьт аххос дæр уа, мæ хæрды монц кæй фесæфт, УЬ1Й? А-да-гъа! 43
Гæзæмæ, æлгъин æфсинау, хъуыр-хъуыргæнгæ зилЫ къуымты. — Ам кæмдæр авджы бын арэхъхъ уыд. Чи зоны ма нæ хъæлæстæ асхъауыны фаг уыдаид, фæлæ йæ цы хæй- рæджытæ ахордтой?.. Уазал хъæрмхуыпп барæй зæрдиаг хæрд кæнын. Уадя, Гæзæмæ æнхъæла, цыма тынг мæ зæрдæмæ цæуы не ’хсæвæр. — Цæй, хæрз æхсæв у, — Гæзæмæйы цæсгом фырæф- сæрмæй ныммæстæг. — Ныххатыр нын кæн. Не ’фсины уайдзæфтæ дæхимæ ма айс. Низ æй хъыг дары æмæ цы кæна... Мæхи афистæг кодтон. Хъæццулы кæроныл фæхæ- цыдтæн æмæ... Уыцы зонгæ хъæлæс мыл æхцон узæлд кæны, «Кæм æй фехъуыстон, уæдæ, кæм?» — фæрсын мæхи. Мæ цæсты уæлтъыфалтæ мын цыдæр ахъыдзы код- та. Схæцыдтæн сыл. Мæй фæрсагæй йæхи æрбадардта. Куы мæ федта, уæд та амбæхсти. Мæ хъуыдытæ фæтъæбæртт кодтой. Ам цъыкк-уым цъыкк æмæ хохы сæрты ацъыкк ластой... ... Гыцци мын мæ хæссинæгтæй цыдæр райста. — Дæлæ дæ Къахырæй уæддæр ахизын кæноп: Сыхæгты ус нæ фæстæ рахъæр кодта: — Хуыбылон, дæ уды фæхъхъау фæдæн, уыцы æм- пъызт хæлафы йæ ма барвит институтмæ, æндæра худи- наггаджы хай фæуыдзыстæм æнæхъæн хъæуæй. Мæ галиу армæй мæ хæлафы æмпъузæн ацахстон. — Ис ын,, ис, — æфсæрмгъуызæй дзурынмæ фæцис Гыцци. Мæнæ йын чумæданы æвæрд у. ’Æз тындзын, Фæнды мæ, мæ хæлафы æмпъузæн хъæумæ куынæуал зынид, уый. — Аздæх ныр, Гыцци. — Къахыры фæзилæны æнцо- 44
нæи сулæфыдтæн. «Кæс ныр, æнæхайыры æмпъузæн, цас дæ фæнды, уыйбæрц». — Дæхимæ дзæбæх кæс, дæ нывонд фæуон. Изæры- гæтты æнæ худæй ма цу. Уазал дæ бацæудзæн. Стæй машинæтæй даер дæхи хъахъхъæн. — Фæдзæхсы мæ Гыц- ЦИ- Куыд диссаг дæ,, мады зæрдæ!.. — Бынтон саби æнхъæл ма мын дæ, Гыцци? — мæ къухты хæссинæгтæ, штангистау, дæлæмæ-уæлæмæ кæ- пып. Уадз æмæ Гыцци зона, фидарцонг лæппу йын кæй сдæн. — Хуссары дзуар, дæ бынты цæуы æмæ йæ æнæмаст фæндæгтыл уадз, дæ къахы бынты нывонд фæуон, — пæхиуыл дзуæрттæ æфтауы. Дзуры мæм: — Йæ бынты цæугæйæ-иу дæ худ сус. Дæхи йын ба- фæдзæхс. — Хорз, Гьщци, хорз. — Гыодийы зæрдæхъыг цæй помыл райсон. Цæуын. Уыцы уырдыджы мæ къæхтæ барæй тъæпп- тьæпп кæнын. Уадз æмæ сæ фидар хъæр Гыццимæ хъуы- са, иырма Къахырыл кæй лæууы æмæ мæ фæдыл кæй кæсы, уый зонын. ...Мæ фыды ’фсымæртæм бауадтæн. Мæ хæлаф раив- тон æмæ институтмæ — лидзгæ. Институтмæ фæзилæны мыл хæрхæмбæлд фæцис иу чызг. Куы мæ ауыдта, уæд йæ урсцъар рæсугъд цæсго- мыл æхсызгон мидбылхудт ахъазыд. Дардæй фæхъæр кодта: — Арфæ дын кæнын, Цæргæс, институмæ кæй бахауд- т^! — Ды дæр мын раарфæ кæн. — Уæдæ æри дæ къух. — Тынг иылхъивинаг ын æй Уыдтæн, фæлæ йæ мæ цæст пал бауарзта. — Æрхæц ыл, æрхæц. — Æмæ йæхæдæг худы. Тынг мф фæнды йæ ном, йæ мыггаг æрымысын. Мæ дæлæвзаг, кФсагау, цъелфытæ кæпы, фæлæ нæй. «Номхыгъды йæ Ф^пдзынæн», — мæхицæн ныфс авæрдтон, 45
— Цом, уæддæр номхыгъд фенæм. — Цы ма йæ уыныс? Æппæты сæрæй ис Кæрчиты Гано, чысыл дæлдæр та Хъæцмæзты Цæргæс. Уыдон æз æмæ ды стæм, æвæццæгæн!.. * * * Иу хатт мын лекцийыл мæ фарсмæбадæг лæппу мæ хъусы æрбадзырдта: — Цæргæс, Ганойæн йæхи фылдæр уарзыс, æви йæ хъæздыг ныййарджыты? —Æзæццæгæн мæ цæстытæ Ганойы къуырд дзыккутыл куыд нындзыг сты, уый фæха- тыдта. Æз исдуг ницы бамбæрстон,, фæлæ фæстагмæ мæ зæрдæ мæстæй адæнгæл. Цыма мыл цъыф æрбакалдта. уый хуызæн фæдæн. «Иу хибар ран дæ куы сирвæзтаид уыцы дзырд...» — Тызмæг цæстæнгас æмæ йыи былты змæлдæй бамбарын кодтон, уæд цы уыдаид, уый. Аххос- джын сабийау йæхи бакъултæ кодта æмæ фалдæр абадт. Ганойæн æцæг хъæздыг ныййарджытæ хуыдтой, фæ- лæ йын сæ æз нæ зыдтон, нæдæр мæ æндæвтой. Мæн хъуыд Гано. Уый уарзондзинад цыфæнды хъæздыгдзи- надæй дæр зыпаргъдæр уыд мæнæн... ...— Иæхæдæг фидиссаг чи у, уый дæр хъуамæ ис- кæуыл цъыфкалæн кæна. — Изæры кинойæ куы рацы- дыстæм Ганоимæ, уæд та мæ зæрдыл æрлæууыд абоны маст æмæ мæ тызмæг дзырдтимæ æддæмæ рафсæрста. — Цы у, Цæргæс? — Иæ цонг мын мæ дæларм фæ- сагъта æмæ мæ фæрсы. • — Ницы. Æнæуи, афтæ. — Фæтыхстæн. — Цыдæр мæ æмбæхсыс...—Æрлæууыд. Кæсы мæм комкоммæ. — Ницы дæ æмбæхсын. — Хорз, хорз. — Цъиуы лæппынау фæпæррæст ласта æмæ фæтæхы. Иæ дзабырты цыргъ зæвæттæ мæ зæр- дæйы сæдзынц. — Гано, фæлæу. Зæгъдзынæн дын æй, — йæ фæстæ 46
чидзын. Баййæфтон æй. Иæ цонгыл ын фæхæцыдтæи æмæ йæ бæласы бынмæ фæзылдтон. — Ауадз мæ мæ фæндагыл. — Гано!.. — Æз уыцы ном рагæй хæссын. — Фæхъыг мæм дæ? — Нæ, æхсызгон дæр ма мын у. — Цы? — Де ’хгæд зæрдæ дын кæй базыдтон, уый. — Раст нæ зæгъыс, Гано. Лæг кæй уарза... уымæь сусæг ницы фæкæны. — Æмæ ды кæй уарзыс? — мæ дзырд мын фескъуыд- та. — Зæрдæйы дуар цæстытæ сты. Хорз куы зоныс, æнæ дæу мьш цард ад кæй нæ кæны, уый. Цæмæн ма мæ фæрсыс? Гано ныхъхъус. «Ныртæккæ арв ныннæрдзæн æмæ кæнæ туджы зæй ныууардзæн, кæнæ та бæстыл атул- дзæн зынг хур». — Ахъуыды кодтон мæхинымæры æмæ æнхъæлмæ кæсын, Гаио цы зæгъдзæн, уымæ. — Æгæр зын æмæ вазыгджын хъуыддаг у уарзон- дзинад. — Æвзаджы алгъæй сæлфынæджы æртæхтау уæззау тæдзынц æрхæндæг дзырдтæ. Æз дæр дæ уарзын. Иу бон дæр дæ куынæ фенын, уæд мæ зæрдæ рисгæ фæ- кæны. Лæгау æнæцæссыгæй фæкæуын. Ме стыр уарзт мæхицæй дæр æмбæхсгæ кæнын. Иугæр цæссыг фемæхст, уæд та хъуыддагæн сусæггæнæн нал ис. — Æмæ ма дæ цы уромы? Цæмæн æй сусæг кæныс? — фæрсын æй. — Уромгæ ницы. Æнæ уарзын зын у, уарзын та но- ДЖы зындæр. Уый Горький загъта. Дæ ныхæстыл æууæн- Дьщ. — Иæ хъæлæс нырхæндæг. Нынкъард. Æрæджиау фестъæлфæгау кодта æмæ мæ афарста: — Цыдæр зæгъинаг мын куы уыдтæ? — Диссагæй ницы уыд. Абон мын... — Радзырдтон ын Ма5 фарсмæбадæджы дзæнгæда. 47
— Æмæ йын цы загътай? — Цы ’мбæлд, уый. Мæн хъæуы фæллой нæ, фæлæ адæймаджы уарзондзинад. — Раст дæ. Уарзгæ зæрдæ кæны æмæ уымæ хъæздыг- дзинад нымады нæй. («Хуыздæр фæу». — Иал хатты сфæлхатт кодтон ацы хъуыды?). Уыцы бон мæ зæрдæ æнцойад ссардта. Мæхи бахас- тон дунейы иууыл амондджындæртьт рæнхъмæ. * * * Уары мит. Урс гæлæбутæ арвæй зæххы ’хсæн тын нывæндынц. Хæдзары къултыл мит х&рдмæ бырьк Фæр- сæгтæй мидæмæ кæсы. Бонтæ куыд ихсийынц, афтæ мæ зæрдæйы цавд кæны уæззаудæр. Райсом, иннæбон та институты кæрты сту- денттæ æмæзмæлд кæндзысты... Райсом бон куы ’рбацъæх, уæд Гыцци сыстад. Æз ын йæ рабадты сæр бамбæрстон. Ницы йæм сдзырдтон. Фы- пæй æфсон скодтон. — Дæ мад амæла, мæ лæппу. Дысон бонмæ фæрафт- бафт кодта, ныр йæ цæстытæ кæрæдзиуыл авæрдта. — Йæ къахы æлгътыл дуармæ ахызт. Æз мæ улæфт ныу- урæдтон æмæ хъусын, цы дзурдзæн, уымæ. — Дæлæмæ ’рхау, кæд дæ бын нæ фæкъæртт, — хъуы- сынц мæм йе ’рхæндæг дзырдтæ. — Къуыппæй, дзыхъ- хъæй сæмвæзысты. — «Уый дын, гъе». — Мæхи нымæры бакатай кодтон. — Куыд у, Гыцци, бирæ ма æруарыд? — куы ’рбаз- дæхт, уæд æй афарстон. — Хæрæджы тъæнгтæ бахæрæд, уæдæ цы кодта! — Абон дзы æнæ цæугæ нæй, — фидарæй загътон æмæ рабадтæн. — Цытæ дзурыс, æз дын амæлон? Ай хуызæны гæ- дыйы лæппын куы ничи аппардзæн. Соммæ кæд афæдтæ уаид. Иу бон ма багъæц! «Иу бон ма багъæц». Куыд æн- 48
юнæй йæ зæгъы! — Мæ цæстытыл ауад, райсом студент- тæ кæрæдзийыл куыд цин кæндзысты, уый. Алчи йæ уарзонимæ адджын ныхас кæндзæн. «Цы уыдзынæн æз та æнæ Гано?» Цы гæнæн ис? Мады ныхмæ цы зæрдæ фæлæудзæн? Баззадтæн. Калын уæлхæдзæртты, уынгтьт миттæ. Рæс- тæгмарæн митæ кæнын. Мит нал уары, фæлæ фæд нæй. Никæй ницы хъуыддаг ис дæлейæ. Хъуыддаг ис мæн æмæ доны. Уый æдзух цæуы. Иæ фæндаг никæмæн да?т- ты. Мæ фæндагæн хицау нæй. Цы чындæуа? — Гыцци, райсом дзы æнæ цæугæ нал ис, — фидарæй загътон, куы баизæр, уæд. — О, æмæ æз цы ми кæндзынæн? — бахъынцъым код- та. Æз ын йæ зæрдæ бахъæлдзæг кæныныл архайын. — Уæхстыл физонджытæ-иу хæр, — йе ’фцæджы атыхстæн. — Дæумæ иууыл хъазын цæуы, — йæ зæрдæ æрба- уынгæг. — Уæдæ ам кæдмæ бадон? — Уæлæ уæлхæдзар кæмдæр дæ фыды къахкъæлæт- тæ. Æрæппар ма сæ. Бадзæбæхтæкæнинаг уыдзысты. — Афонмæ мын сæ куыд нæ æрымысыдтæ, Гыцци? — Цыма аргъæутты хæдтæхæг-гауызыл фæхæст дæн, уый иип сыл бакодтон... Баудæстон сæ. Гыцци йæ чындздзон æргъæу чыры- изрй сæхъисы къуыбылой систа. Иуæрдыгæй æз ных- хæцыдтæн, иннæрдыгæй — йæхæдæг æмæ нывæндæм бæстаг. Кæй аргæвстам, уыцы хуыйы бæлæгъы уæфсы- т#н цы æрчъийаг удæст уыд, уымæй рæхсæнтæ рауагъ- там. Иу дзы æз бийын, иннæ — Гыцци. Амоны мын... Срæвдз сты. Уыцы ’хсæв æнæмæтæй бафынæй дæн. Райсомы Гыц- 1Ш раджы сыстад. Дзыкка сарæзта. Иу стыр къус мын Д^ьт æрæвгæдта. — Иу мур дæр дзы куы ныууадзай, уæд ацæуыны • Къæбысты 3. 4<
æнхъæл ма у. — Иу арахъхъы сыкъа дæр мын адардта. Зын мын уыд, фæлæ йæ Гыццийы æфсæрмæй бахорд. тон. — Ныр мын мæ къахкъæлæттæ. Пецы раз фæгуыбыр кодтон æмæ дзы иу бæттып ма-> къахыл. — Уый цы ми аразыс? — Худы Гыцци. — Мæнæ мæ къахкъæлæт бæттын, — æнæмбарæджы каст æм бакодтон. — Æмæ ма исчи артдзæсты къахкъæлæт бæтты? Хæдзары къахкъæлæт чи бæтты, уый фæдисы фæсте за- йы. — Æмæ æз фæдисы куыпæ цæуын, Гыцци. — Уæддæр æгъдау. — Цæй хорз. Сæ бæстæй сæ кæрæдзимæ фæхæцын кодтон. Мæ дзæкъул ме ’ккой акодтоп æмæ... — Хорзæй уал баззайут... — Дæлæ дæ къахыры онг... — Батыхст Гыцци. — Ацы æвæды цы фыдæбон кæныс? Лæу! — Цæй, уæдæ, хорзыл амбæл. Хуссары дзуарæн-иу дæхи афæдзæхс. — Хорз, Гыцци, хорз. ...Уырдыджы æнцонæй æрцыдтæн. Хидыл мæ къах- къæлæттæ рафтыдтон. Ахызтæн. Бабастон та сæ. Цæ- уын. Къæхтæ уæззау кæнынц. Хурмæ скæсын. Уый мыл цыдæр уазал тынтæ луары, фæлæ уæддæр мæ хид кæлы. Дон уæззаугай нывæнды йæ зарæг. Миты хъæпæнтæ йæ кæрддзæмы тъыст кардау сæлвæстой, фæлæ сын нæ сæт- ты. Тох кæны сæ ныхмæ. Цæуын та. Мæ тых сæтты... Мигъы къуымбилтæ арвыл тыхсынц. Згъорынц дыууæрдæм. Уый дымгæны нысан у. Куы схъыза, уæд хъуыддаг æвзæр у. Тыхсын. «Рацу ардæм. Иумæ нын уыдзæн æнцондæр». — Дон мæм йæ зарæджы сиды. Цыма исчи артыл фу кæны, уыйау æрбадымдта. Мæ цæсгомыл мын миты фæлдзæгъ- дæн спырх кодта. Кæцæйдæр къуыззитт цæуы. Уый дым- 50
гæйы ног фæлгуыр æрбатулы. Сыстад уад. «Уæддæр сæфт æмæ сæфт». — Фæстæмæ здæхæн нал ис. Хъæр никуыдæм фехъуысдзæн. Мæ къахкъæлæттæ нал ко- мынц митæй сыфтауын. Æрæвнæлдтон сæм. Айхæлдтон сæ. Иу къахдзæф акодтон афтид къахæй æмæ мæ хъæ- лæсы онг миты аныгъуылдтæн. Дæлгоммæ ахаудтæи æмæ мæ гуыбыиы цъарыл бырын доны ’рдæм... «Рацу, нумæ ацæуæм...» Зары дон. Цыдæр стыр ныфс мæм фегуырын кодта æмæ йæм мæхи баппæрстон. Иудзæвгар йæ былтыл афæлвæрдтон. Нæй. Зын у. Дон уыйбæрц арф нæу. Мит æй бацъырдта. Ныггæпп дзы кодтон. Ли- дзын. Дон зары. Æз дæр зарын йемæ. Фенцон мын ис цæуын. Баталынг, афтæ æрхæццæ дæн машинæвæндагмæ. Куыддæр донæй схызтæн, афтæ хæлафы фадгуытæ асал- дысты. Сæ хыбар-хыбур цæуы. Суазал дæн. Дæндæг- тæ æмдзæгъд кæнынц, Фæзынд иу уæзласæн машинæ. Фæурæдта. — Кæдæм цæуыс? — Горæтмæ, — мæхи тых фидар кæнын. — Уæлæмæ сгæпп кæн. Мæ фарсмæ сылгоймæгтæ бады. 11,1' I |" Цы гæнæн ис. Схызтæн. Мæ дзæкъул æристон. Арахъ- хъы авг мæ дзыхыл сдардтон. Йе ’рдæджы онг æй иыс- къæрдтон. Фæхъармдæр дæн. Иууылдæр æй банызтон, земæ... Чысылтæ ма мæ зæрдыл лæууы, хæдзармæ куыд бацыдтæн, уый. Æрчъицыдтон рынчындоны. Мæхи цал боны нæ зыд- тон, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ мæ мады мæ уæлхъус кУы ауыдтон, уæд та мæ зæрдæ бахъарм. ...Ох, цы уæззау бонтæ уыдысты! Иунæг се рымьтсы- 11а2й дæр зæрдæ йæхи риуы къултыл бахойы. ... Æвæццæгæи мыл мæ фæллад дæр æртæфст кæй- -^Р хæдзары. Фынæй мын мæ сагъæсты къæдзил куыд илхьщцъ кодта, уый нал базыдтон, 51
Мæ мидвынæйьт мыл кæйдæр дзырдтæ дымгæйы фæл- гуыртау тыхсынц. Мæ цæстытæ куы байгом кæнин, уый мæ сЬæнды, фæлæ сыл хуьтссæг пъæззыйау ныббадт. Кæмдæо пъолы фæйнæджытæ тъизыни. Кæйдæр дза- быры зæвæттæ сæ хуынчъытæ кæнынц. Мæ хуыссæг су- сæгæй ахъуызыд. Ракастæн. Æхсæвьт хъуьтдыгæнгæйæ мæ цæнгтæ мæ ньтвæрзæн куыд бакодтон, нырма дæр аф- тæ лæууылыстьт. Мæ сæоьтодьтгæй иьт (Ьæрсаг ис, уьтмæй хуры тынтæ æрбакалдысты. Къультл хъазынц. Кæйдæр аууон сыл лæгæоды, ссæнды сæ. «Гæзæмæ нæу. Уьтй уæз- зау дзæмбыты бьтн пъолы фæйнæджытæ афтæ рог хъыс- хъыс нæ кæниккой». — Ацьт мард та мæм кæцæй æрласта! — Хурьт тьтнти- мæ æрбафсæрста дысоньт тьтзмæг — зонгæ хъæлæс. «Ме ’рдæм дзурьт уьтй, фæлæ Гæзæмæ та кæм ис?» — хъуыдьт кæнын. — Ныр сихорафоп куы сси, уæд амæрдтаг кæнынмæ нæ хъавы? — Аууон та йæ разæй ассыдта хурьт тьтнты. Ньтг) та асины къæпхæнты æрдиаг ссыд. Растадтæн. Агуоьтн Гæзæмæйьт. Нæ зыны. Æокастæн сахатмæ. Дыууадæс сахатьт. «Æцæг æгæр афынæй дæп. Мæ дзаумæттæ кæнынмæ фæпæн. Бандоныл иу гæххæтт. Кæсьтн æй: «Ныххатыо кæн, Нæргæс, кæй дæ нæ райхъал кодтон, уый тьтххæй. Æгæр адджьтн фынæй кæньтс æмæ дæ мæ пæст бахъыгдаоын нæ бауарзта. Ме ’мкъай куы сьтста, уæд та, чи зоньт, истæуыл загъд кæна, фæлæ йæ мапæмæ æодао. АЛтæ Фыд-зæрдæ нæу». «Хуыздæр фæу, Гæзæмæ! Гæзæмæ калмьт хъæлæсы дæр мæ ныппæрстай, æмæ. дам, æй мацæмæ æрдар». Агурын æндæр искæуылты ахизæн, ахъуызæн, фæлæ нипьт апын. Кæиæйдæр мыл Аæиы’д сывæллоны кæуьтн. «Уьтй сæ сывæллон уыдзæн». Кæуьт. Басабыргæнæг æй нæй. Сьт- тынг йæ куыд. Бацъæх, Нал æм фæлæууыдтæн. ДуæрттсТ 52
феюм кодтои æмæ йæ уæлхъус феСтадтæп. Чысыл СьЫ* гæджы хуыссы арсы хъыбылы хуызæн саби. Ратул-батул кæны æмæ кæуьь дзурын æм. Цы-цытæ йын кæнын, (рæ- лæ мæ хъуыды дæр иæ кæпы. ^истон æй мæ хъæбысмæ. Фенцад, фæлæ уæддæр хæкъуырцц кæны. Æддейæ æрбайхъуыст къæхты хъæр. Мæхи æрцæттæ кодтон, дысонæй нырмæ мæ зæрдæйы цалдæр тызмæг иыхасы, цуркау, чи ныссагъта, уыцы адæимагимæ фем- бæлынмæ. «1\æд мæм ацы лæггаджы хатырæи уæддæр ракæсид дзæоæх цæстæи». Цыма исты давын æмæ мæ æрбаииæфтæуы, афтæ хатын мæхи. Ьарæи мæ чъылдым дуарырдæм сæздæхтон. мæ былтæ саОийы русыл сæ- вæрдтон æмæ йын цыдæртæ дзурын. Фæцыд дуары хъæр. Æз æм нæ акастæн. «Уадз, æмæ йæ фыццаг цæфтæ мæ чъылдымыл сæмбæлой». — Бахатыр кæн, уазæг. Кæд дæ... — Мæ тæккæ фæс^ хъус басыбар-сыбур кодта фæлмæн, æхцонзæл хъæлæс. «Дæттæй афтæ йæм куырмæй, йæ хицауы æнæфенгæйæ бирæ фæхъус!. — Цавæрдæр бæллиццаг хъуыды мын мæ зæрдæ ныццавта, фæлæ... Æнæ разилгæ нал уыд. — Ах!,— мæ цæстытæ атарытæ сты, — Ох! — мæ хъусты рог цъæхахст фæсагъд... Мæ разы лæууы лыстæг, даргъ,, къæсхуыр, æлвæст сылгоймаг. Йе ’рвгъуыз цæстытæ мæм нымæггъуызæн кæсынц. Ризынц йæ былтæ. Ризынц мæ былтæ дæр. «Хуыздæр фæу, Гæзæмæ! Хуыздæр фæу. Хорз цъысымы мæ куы ныппæрстай». — Мæ хъуыдытæ дзурынц ризгæ хъæлæсæй... Сывæллон йæ чысыл цæнгтæ айвæзта йæ мадмæ. Уый йæ нæ хаты. Змæлгæ дæр нæ кæны. Лæууы дурæй конд дыртау. — Цæргæс, уый ды дæ æви мæ мæ цæстытæ са- йынц?—кæуынзæл дзырдтæ мæ хъусы алгъыл батыбар- ть1бур кодтой. — Æз, æз дæн, фæлæ ды... ды Гано дæ? Сывæллон стыхст. Иæхи йæ мадмæ æппары. Уый йæ 53
аскъæфта. Сынтæджы раз æй арсы цармыл авæр/ш, йæхæдæг къуымты рауай-бауай кæны. Уидзы хъазæнтæ. Сывæллоны алыварс, къæвдайы æртæхтау, згъæлынц æрсытæ, машинæтæ, тæрхъустæ, хæдтæхджытæ... Уый иыджджих. Иæ мады фæдыл æдзынæг кæсы. Æз дæр æм кæсын. Мæ цæстытыл не ’ууæндын. «Ау,, цы ’рхаста ардæм Ганойы? Науæд мæп цы ’рхаста? Стæй цы фесты, æз кæй зыдтон, уыцы цардæфсæст уæпгтæ? Кæдæм фæ- лыгъд цæсгомæй мидбылхудт?» — Хъаз ныр. Фыдæбонæй фæхъаз! — Фæстаг хатт ма иу сау куыдз баппæрста сывæллонмæ. Уый сæ æмбырд кæиы. Гано ме ’рдæм фæзылд. — Сбад дæр дын нал загътон, Цæргæс. — Гано, кæд дæ искæимæ ивддзаг кæныи? — уæддæр ыл нæма æууæндын. — Уыцы цъæмæлты уæхи кæрчытæн ныууагътаис. Мæн ахæмты сæр нал хъæуы. Науæд мæ цы хынджылæг кæныс? Мæнæй æнамонддæр никуы федтай? Ды мын мæ хъуыддæгтæ зыдтай. Æвæццæгæн, кæуыл æмбæлдтæ, уыдон иууылдæр мæнæй фарстай. Ныр æрцыдтæ, цæмæй мыл фæхудай. Худ. Цас дæ фæнды, уыйас худ. Ды мыл цас фылдæр худай, уыйас мын æнцондæр уыдзæн. Уый аргъ сты мæ хуызæн рæузонд сылгоймæгтæ. Хъуамæ сыл афтæ худай æмæ... — Уымæй рæдийыс, Гано,, — йæ ныхас ын фескъуыд- тон. Уый фестъæлфыд. — Рæдийын? — О, рæдийыс. Æз дæу тыххæй зыдтон æрмæстдæр дыууæ дзырды: «Чындзы фæцыд». Уæд æз улæфынмæ уыдтæн. Нæ мын бантыст дæ чындзæхсæвы æркафын. «Уый йыл æцæг худын куы райдыдтон», — бауайдзæф кодтон мæхицæн. ■ — Чындзæхсæв нæ, уый фæлтау мын хист куы скод- таиккой. — Цæмæн афтæ зæгъыс? Хæдзар хорз,, хъæздыг. Лæг ноджы хуыздæр. Ахуыргонд. Мæймæ дохтыры ном райс- 54
дзæн. Æз сылгоймаг куы уаин, уæд дын дæ амондма* хæлæг дæр кæнин. — О, алцы дæр хорз у ам. — Ие ’фсæртæ ныууадысты. Се ’хсæнæй дзырдтæ фæрсудзæгау лæдæрсынц. — Хæлæг мæм кæнис, нæ? Æмæ мæм ныр нæ хæлæг кæныс? Сыст-ма, сыст. Нæ, нæ. Сыст-ма æмæ дæ æз мæ къуымты чзилын кæнон. — Мæ цонгыл мын фæхæцыд. Ласы мæ \\æ фæдыл. Иу егъау хатæны мæ фæмидæг кодта. «Дзуар- бадæн». — Февзæрд мæ хъуыдыйы. — Адон иууылдæр ригæйаг дзаума сты. Мæнæ ам та нæхи горæттаг дзаума. Уæртæ уым — мæ лæджы библио- гекæ, мæнæ уым йæ кусæнуат, ам та... «Фыдæнæн мын сæ уынын кæныс. Афтæ æнхъæлыс, цыма æз дæ дзаумæттæуынæг æрцыдтæн. Дæ цард дын кæй федтон, уый дæр æвзæр нæу, фæлæ мыл дæ хъæздыг- дзинад нæ узæлы. Дæхæдæг дæр сæ цыма тынг райгонд пæ дæ». — Хъуыды кæнын. Дзургæ ницы кæнын. Уадз æмæ йæ тыппыртæ суадза. * * * — Афтæ у цард, — дзуры Гаио. Ныр баууæндыд, бынтон æнæнхъæлæджы сæм кæй æрбахаудтæн, ууыл. — Хъуыды-ма кæныс, кæддæр нæм хъæздыгдзинадыл Дзырд куы уыд? Дæу чидæр цæмæйдæр куы фарста? — О, хъуыды кæнын. — Уæд нæ чидæр загъта, зæрдæйы дуар, дам, цæсты- чае сты. Зæрдæйы та хъæздыгдзинад пицæмæн хъæуы. Уый хъæуы уарзондзинад. Фæлæ мæн хъæздыгдзинады монц нæ ныппæрста ацы цъысымы. Нæ! Уый бынтон ^пдæр цыдæр уыд. — Æмбарын дæ, — ацы хатт ын хъуамæ алыг кæнон йае дзырд. — Æмбарын дæ, æмæ дæ аххосджын дæр уый- баерц нæ кæнын. Уæд æз цæрдтæй мæрдты ’хсæн æрдуйы халыл дзедзыкка кодтон. Фервæзын æнхъæл мын ничи- 55
уал уыд. Къæхтæ басыдысты. Рæуджыты уазал бацыд, Уæддæр бузныг дохтыртæй... — Кæд афтæ хъуыды кæныс,, уæд бынтондæр ницы æмбарыс. Ды дæхи дæр нæ зыдтай, афтæмæй æз æнæ- хъæн къуыри дæ сынтæджы раз фæбадтæн. Уый фæстæ дæр дæм алы бон нæ цыдтæн? — Цыдтæ. Дæ тæригъæд мæ нæ хъæуы, цыдтæ. Мæн улæфынмæ куы арвыстой,. уæддæр ма мæм ’цалдæр фыс- тæджы ныффыстай, стæй... — Йеныр растдæр зæгъыс. — Урс къухмæрзæнæй йæ цæссыгтæ асæрфта. Сывæллон арсы цармæй зæхмæ ра- бырыд. Сыстад æм Гано. Иæ бынаты йæ сæвæрдта. Кæр- дзыны къæбæр æм ратта. Уый та йæм йæ чысыл къухтæ ивæзта,, фæлæ йæ куынæ систа, уæд фæстæмæ райдыдта хъазын,. хæрын. — Уыцы аз Гæзæмæ аспирантурæ каст фæцис. Куыста нæ институты. Фатеры цард махмæ. Арæх-иу мæм фæ- дзырдта куы йæ дзаумæттæ асыгъдæг кæнынмæ, куы йæ уат рафснайынмæ. Ми кæнын мæ уыйбæрц нæ уагъта, ныхасыл мæ цас фæстиат кодта. Уæд рæсугъд уыд, хæрз- конд. Ныр та ма дзы цæй Гæзæмæ ис, цы у, уый дæр ма- уал уа!.. — Цæмæи æй æлгъитыс? — Уый дæр ын цъус у. Иæ кæлæн æвзаджы уацар ма: бакодта, сыджыт ын æй бахæра. Дунейы фысджытæй уарзондзинады тыххæй чн цы загъта,. уыдоп иууылдæр æнæкæсгæйæ дзырдта. Артистау-иу йæ къухтæ тылдта. Тыхстытæ мыл кодта, цыма уацмысты хъайтарты фæзмы. Мæнæн мæ зæрдæ фæсаст. Уый цур мæм ды зынын бай- дыдтай саузæрдæ адæймаг. Ды дзурынмæ рæвдз кæй нæ уыдтæ, уый мæм уæды онг нæ хъардта. Никуы йыл хъуы- ды кодтон. Бауарзтон æй. Ох, куыд тынг æй бауарзтон! Æхсæв-иу хуысгæуатæй сыстадтæн айдагъ мидæггæгты, йæ дуары цур-иу бирæ фæлæууыдтæн. Фæндыд мæ, афтæ- мæй мæ куы раййафид, Бирæ мыл куы фæтыхстытæ кæ- нид, куы мын цъатæ кæнид, Фæлæ мæ никуы раййæфта. 56
УайтагЪд мæ ныййарджытæ>н хъуыддаг бамбарын кодта. Æз уæдмæ дызæрдыг кодтон, фæлæ иугæр йæ фæндыл мæ ныййарджытæ æхсызгонæй куы сразы сты, уæд мæ цинæн кæрон нал уыд. Куыд сæрхъæи уыдтæп: Ды мæ фæсонæрхæджы дæр нал уыдтæ. Уайтагъд иумæ бацардыстæм. Æз куыддæр диплом райстон, афтæ ардæм рацыдыстæм. Ацы хæдзар балхæдта æмæ мæ хъахъхъæ- пæг куыдзау йæ къæсæрыл ныббаста. Мæ диплом кæм- дæр чырыны къуымы,, мæхиау, æнæркастæй лæзæры. Сылгоймаг нæлгоймагæй бирæ цыдæртæ домы. Æз дзы æппындæр ницы уынын. Мæ лæг фæндаг зоны æр- мæст институтмæ æмæ фæстæмæ. Æдзух змæнты чингуы- тæ. Мæ цæсты сындз фестадысты, чиныгæй дарддæр чи пицы уыны, уыцы нæлгоймæгтæ. Кæд искуы иу хат? ки- номæ ацæуæм,, уæд ууыл хъæц. Æмæ кино ныр цымыди- сон, уалæ хæхтыл чи цæры, уыдонæн дæр нал у. Стæй нын дæлæ уый райгуырд. Фæлтау куынæ райгуырдаид. Мæ зæрды йæ ныууадзын уыд, фæлæ ма ныр цы! Кæдæм фæцæуон æд лæппын? Чысыл æм фæкæса, уый рæстæг дæр ын нæй. Ныр та йæ дохтыр суæвын æрфæндыд. Хъел- лау кæны. Æз кæм æмæ куыд æрвитон мæ рæстæг, уый мæт æй нæй. Иунæджы цардæй схъыг дæи. — Иæ цæссьтг- тæ сæрфы. — Зонадон кусæгæн фаг рæстæг кæй нал вæййы, уыи раздæр нæ зыдтай? — Арæхстгай йæ бафарстон. — Зыдтон æмæ мæ сайгæ дæр уый фæкодта. Афтæ ма ’пхъæл,, йе ’хцайы мæт мæ уыд. Иæ кад. Ды мæм æгæр дзæгъæлкъах зындтæ. Алы изæр кино, театр, парк, пъа- тæ, хъæбыстæ. Дзæгъæлы митыл сæ нымадтон, афтæм’æй та мах, сылгоймæгты уыдон æнæмæнг хъæуынц. — Ныхъ- хъус. Иæ цæссыгтæ сæрфы. Ох, цы ’рхæндæг уыд йæ хъæлæс! Кæцæйдæр мæм асæст боны хуры тынтау гæзæмæ æрбакастысты мæ кæд- дæры уарзты æнкъарæнтæ. Нымдзаст дæн Ганойы цæс- гоммæ. Фæлæ фæстагмæ мæ цæстытæ тарытæ кæнын бай- дыдтой. Мæ зæрдæйы уаз æнкъарæнтæ схæлбурцъ код- 57
’гой. Бандонæй мæ цыдæр тых систа. Фæхæссы мæ ГанО- мæ. Уый фестъæлфыд. Иæ донызилæг цæстытæй мæм цы- дæр æдых каст æрбакодта. — Цæргæс, ма фæрæди. Мæхи мын ма амарын кæн... Скуыдта сывæллон. Æз ме ’муд æрцыдтæн. Ризга» хьæлæсæй сдзырдтон. — Мæ, нæ, Гано, хорзæй... Æгæр бафæстнат кодтон... Хъуыддæгтæ... — Гæзæмæйы æрбацыдмæ багъæц. Цы зæгъдзæн. — Нæй рæстæг. Бахъыг дæ дардтон, фæлæ хатыр... Асинтыл цæуын бынмæ. Гано асины сæр лæууы. Йæ цæстæнгасыл фæсмоны мидбылхудтау цыдæр хъизæмар нындзыг. Уый, æвæццæгæн, не стыр уарзты фæстаг мид- былхудт уыд...
ХЪÆУÆЙ АХЫЗТ СЕПА — Гьщци, цæмæ,н афтæ æнамонд фæцис дæ иунæг хъæбул, цæмæн? Мæ дыууæ къах,ы æ,мдæргъæнтæ уы- лаиккой, уый аргъ мæ не скодта хъысмæт?.. — æр*хæн- дæгæй дзуры Алан. — Дæ гыцци сау фæнык куы фестид, мæ хъæбул, æмæ дæм ахæм хуызы куынæуал кæсид. Æ, дæлæмæ фæуай, мæ рафæлдисæг, кæд а^рвы дуар гамæй нæ фед- тон. Цæмæн æрвлты м,æ хъæбул йæ цард адæмы кæстæр- тæм тæхудыгæнгæйæ?.. — Нал ’баурæдтой мады æфхæрд цæстытæ сæ дон æмæ фæлмæн уадултыл фæдгæнгæ æр- тылдысты’ хъарм цæссыгтæ. — Гыцци, мауал ку, — йæ мады ’фцæджы йæ цæнг- тæ æрбатыхта Алал. Цæссыг нлды, ахъаз кæны нæдæр буа,ры а,илп бараст кæнынæн, нæдæр хъысмæты зæрдæ ([)æфæлм,æндæр кæльшæн, æндæра... — Алан нæ дзырд нæма фæцис, афтæ уыпгæй æрбайхъуыст кæйдæр хъæр. — О, къуылых, ра.чепп-чепп кæн скъоламæ. Дæ цы- быр къах дæрдты исыныл та ма фæу, æндæра куы бай- рæджы кæнай, уæд ма дын ахуыргæнæг дæ хъус дæр си- ьаздзæн. — Æ, мацы дæ фена дæ мад. Нал мын ныууадзай, уæдæ, мæ мæгуыр, æнамонд сывæллоны!.. — рацæйлæ- бурдта Сона, фæлæ Алан йæ разы æрлæууыд. 59
*- Гыцци, ма мæсты кæн, — æрхæядæггъуызæй дзуры Алан. — Уадз æмæ сæнттæ цæгъда. Исты йæм куы сдзу- рыс, уæд мæ тынгдæр фæмæстæй мары. Къуылых дзын- гайæн, дам, йæ бон ницы у æмæ мыл йæ м,ады рацарда- уы, зæгъгæ, — Багъæц, у,ымæн дын иу бон йæ мукъутæ æхсида- вæй куынæ фæнæма а-чызг, уæд мæ мæрдтæм мацы ба- хæццæ уæд, — мæстæй тыфылтæ калгæ дзырдта Сона. Алан ма чысыл алæууыд, стæй йæ чингуытæ йæ дæ- ларм бакодта æмæ дыууæрдæм рафæлдæх-бафæлдæхгæ- нгæ ахызт къæсæрæй. Иæ цыбыр къахы тъæлп ма цал- дæр хатты арбайхъуыст Сонамæ, стæй уый дæр нал, æмæ та Сонайы цæссыгтæ фемæхстысты, Иæ цæстыты раз сылæг млгъы фæлмы утæхсæнгæнæгау сыстадысты Аланы райгуырд æмæ уымæй фæстæмæйы хъ,изæмæрттæ. Æртæ чызджы йын райгуырд фæд-фæдыл. Цып- нæрæм хатт куы банхъæлцау, уæд æй ницыуал ныфс уыд лæппу ныййарьшæй. Цалдæр хатты æфхæлд сара- зын дæр афæнд кодта, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста. Стæй йæ чидæртæ дæр бакъуылымпы кодтой æмæ... * * * Цияы хабар айхъуыст хъæуыл: Неноты хæдзары, дам, æртæ чызджы фæстæ райгуырд лæппу. Бирæтæ арфæтæ кæнынмæ цыдысты лæппуйы мвд æмæ фыдмæ. Цыдысты, фæлæ иуы цинаг хъæуы алкæмæн æмхуызон цин не ’рхæссы. Кæйдæрты зæрдæтæ та масты тæлыйæ еа\лв,асы. ...Серкæ йæ цъупп бырынкъ иннæрдæм азылдта. Ие ссадæйдзаг къухтæ йæ синтыл асæрфта æмæ сдзырдта: — У, гауыр, лæппуйы бæсты йын калм куы райгуыр- даид... —^Цæуыл та тардзæгъдæн кæныс, цæ, усай!—Дуа- рæй æрбайхъуыст Серкæйы лæг Сепайы дзурын. Уалын- мæ къæсæрæй æрбахызт лыстæг, даргъ лæг. Иæ уæлæ, ронбасты онг чи ’ххæссы, ахæм гуырхъармгæнæн æмæ 60
дæрдджын фæсмын хæлаф. Йæ иу къахы тъæпæн къулæ- джы х,ойæнæй даргъдæр. Ис ыл къоходзи. Иннæ — къо- бали л.æдзæгау тымбыл. Цармæй йыл хызынговд ис æмæ пын фадхъулы нур йæ ком æрбалвæста зæро,нд лæджы тамакодон чыссæйы комау. Йæ фарстæн ын Серкæ иицы дзуапп радта æмæ та пæ афарста: — Цы ’ршыдис, не ’фсин? Дæ къаба та. ссадæй æгæр не снагътай? Цыдæ,р маст та дæ бацыд. (Мæстыйæ иу- уыл йæ къухтæ сæрфта йæ сиятыл, йæ уæрджытыл æмæ- иу æй уæларынг куы æрæййæфта, уæд-иу ссады фылдæр йæ уæлæ баззад). — Уæртæ уыцы нала/гæн лæппу кæй райгуырд, уый мын мæ астæуы магъз ачъепп ласта. — Йæ къухтæ та чæ синтыл схафта æмæ ма йæ дзырдмæ бафтыдта, — йæ фыдæй дæр ьш уынгæджы стæм. Нырм^а дæ иу рæст- мæ ’куысты никуы баурæдта. Ныр та уый дæр йæ фыды хуызæн куы рацæуа, уæд нæ бьштон æддæмæ ракæсын нал бауадздзысты. — Е, е, не ’фсин, мæнæйафтæ ма цы уыд)ис, — йæ нымæтхуд тæрхæгмæ баппаргæйæ, дзырдта, Сепа, — Уадз, æмæ сын райгуыра. Исты сын мæх.и Алиханау хурæнгæс куынæ уыдзæн. Йæ иу къах, дам, æнæхъæн уьйъынг цыбырдæ,р у... — Авдæнмæ .ны.г)пуыбыр кодтл æмæ са,би,имæ ных,æстыл схæдыд. — Цытæ дзурыс, æз дыи амæлон, ацьт лæг? — сонт зылд фæкодта Серкæ. — Æвгъæдгæс чи уыд, уыцы устытæ колхозы скъæ- ты сусу-бусу кодтой æмæ йæ уыдонæй фехъуыстоц. — Æтт, дунескæнæг, дæ нывонд фæуон, æцæг фæкæн уыцы хъуыддаг. — Ие ’рттæ æнгуылдзтыгъдæй фæтæн риуыл дзуарæв,æрд акодта, афтæмæй куывта. Куы сæ æриста, уæд сæ фæдтæ риуыл ныууагътой. Серкæ сæм Эфкаст æмæ бахъуыр-хъуыр кодта. — Лæппу нае, фæлæ дып кæлмытæ фегуырæд, хингæ- идег налат, Ме ссад мæ уæлæ байзæрстон. 61
...Со1Н.айы лæппуйæн æиæг йæ галиу къах бæрæг цы- бырдæр уыд, фæлæ йыл ницы уыйбæрц бамæт кодта, «Табу йæ раттæгæн. — Хъуыды кодта. — Лæппунæч къуылыхæй дæр ни,цы у. Стæй иугæр и,у райгуырд, уæд ма дзы кæд уый фæстæ дæр уаад, сæ дæттæгæн мæ уд йæ нывонд. — Мæ хъæбулыл хъуамæ нæ фыдæлты ном сæвæроч, кæд уыдонау æхсарджын рауаид,—«дзырдта Сонайь* лæг æмæ йæ фырты схуыдта Алан. Фæлæ йьш Аланы æхсар фенын нал бантыст... Со|на,йы лæг сæрдарæй куыста колхозы. Партийы рай- ком æй нæма уагъта хæстмæ, фæлæ нæ ныллæууыд. Адæм, дам, уым тох кæнынц знаджы ныхмæ, сæ туг калынц æмæ æз та ам бадон... Ацыд. Хъæуы ма æвзонг лæгтæй баззад æрмæст Сепа. Ныры хуызæн а.мондджы,и иикуы фæка,ст йæхимæ. Нырмæ-иу йæ гуымыдза къахмæ кæсъш дæр йæ цæст нæ уарзта, нъир æм иннæмæй уый бирæ рæсугъддæр фæ- каст. Ног хызын ы.н барæхсадта галы рагъдза.рмæй, урс уæрыччы хъуынæй йын ног цъьшда сбийын кодта. Бын- тон зæххыл та, сæрдар æй куьт равзæрстой, уæд нал хæцыд... ...Арт æмæ фæнык нал уыд Серкæйæн. Иу ра.йсом йæ бæрæгболы дарæс скодта. Уый разм,æ Чъребайæ сæ хæстæджыты чызгæй цы пудрæйы къопп радавта, уы- мæй йæ цæсгом айсæрста æнæхсадæй. «Мæх,и куы ’хсон, уæд ма мæ цьт мæрдтагæн хъæуы ацы ссад?» Сепа-иу фæсдаст пы одеколон ра.йста, уьшæй йæ уæлæ æопьцрхы- тæ кодта æмæ колхозы къанторы балæууыд. Уым æн- къард, æрхæндæгхуызæн цы иугай алæймæгтæ лæууыд, уыдоныл фæхъæр кодта. — Ам ны уæ кæмттæ ивазут! Сæрдары сьшах куынæ хъахъхъæнат, уæд æн цæргæс йæ ахæстопмæ фæхæс- дзæп? Уый бæсты уæ куыстытæм амæрдд,аг ут. Адæм хæсты сæ туг кальшц, адои та ам сæ фындзт.æ æруагьтои æ.мæ зæхмæ хъусынц.., 62
Ничи йæм ницы сдзырдта. Алчидæр иннæрдæм азылд æмæ сагъæс кодта,, цы хъуыддаг æй тынгдæр æндæвта, ууыл. — Дæ мæстытæ райсыны тыххæй макæуыл бацауæрд, - дзырдта Серкæ йæ лæгæн.—Сонайы лæгмæ кастæ. Фермæгæсæй дæ куыд фелвæста. Æвзæр, дам, кусыс. Дæ уаззл иæстæигасы тыххæй, да,м, нæ фос æм,бис фес- ты. Мæхи дæр мын æдзух æфхæргæ кодта. Чъизи, дам, сты дæ цыхтытæ. Фæлæууæд ны,р йæ налат ус. Кæд ма- иу мыл чъизизæвæтæй худа. А-чызг æй тæвд къæйыл скафын кæндзæн. *"— «Ех! Æз æй мæ риуыл дæр бæргæ акафын кæнин. Цæрæнбонты дæ хид æмæ дæ чъизийы тæфмæ смудын мæ б0(Н нал у. Дæ цъæх цæстытæм кæсын зæрдæ нал тæр,ы. Малхязы ’фсæрм м,æ куынæ уаид, уæд... Фæлæ ницы кæны. Ныр рæсугъд сылгоймаджы узæлд дæр кæд банкъарин... Афтæ сараздзынæн, йæхæдæг мын лæгъзти- аг куыд уа, — йæхинымæр’хъуыды кодта Сепа. Иу дзырдæй, уыцы уысм сæ алчидæр хъуыды кодта, йæ сом,бо<ны цард куыд хуыздæр сараздзæн æмæ йæ м.аст кæмæй цы хуызы райсдзæ,н, ууыл. Хицæндзинад сæ уый уыд, æмæ Серкæ й,æ алы хъуыды дæр хъæрæй кæй дзырдта. * * * Динæйы саулагъз, æдзух ммдбылхудт кæуыл хъазыд, уыцы цæстытæм бакæсгæйæ-иу йæ зæрдæ æнæнцой тæлфт кæмæн не скодтадд, ахæ.м стæм лæппу ахызтаид пæ фæрсты. Йæ фæдыл-иу кæсгæйæ куы баззадысты, уæд-иу иннæ чызджыты цæстытæ фыдæхы æрттывд фæ- кодтой. Сæ мæстæлгъæд дæндæгты ’хсæнæй-иу ралæмæ- рстой: «Æ, дæ хуыз басудза, ацы налат, кæд дын цы радта ахæм рæсугъд æнгас. Уы.й пур лæппутæй ма,х бын- тон рОиХуаты баззадыстæм». Динæйы мад Хуыбылон — лæджы ’мсæр, сæр.æн æ,мæ 63
куыстуарзаг сылгоймаг. Йæ фезмæлд, йæ архайдæй сæрыстыр уыд æнæхъæн хъæу. Алкæй зæрдæмæ йын нæ цыд, æрмæст чысыл рæуæууæнк æмæ рæуæгдзæф кæй уыд, уый. Зæгъгæ, йæм йæхицæй исчи æвзаг æрбахаста, уæддæр ыл баууæндыдаид æмæ йæхимæ тызмæг цæстæй кæсын байдыдтаид. Хылы оæраппонд комкоммæ никуьт никæмæ сдзырдта. Тызмæг цæстæй дæм бакаст, уæд уый зон æмæ дæм тынг кæй фæхæрам. Хуыбылон, йæ лæджы ам.æлæты фæстæ иунæг чызджы номыл сыгъдæг намыс, æнæзæрдæхудтæй фæбадт. Уый тыххæй йын фылдæр аргъ кодтой æмæ-иу кæд искæимæ бахъæлæба йæ тыхстæй, кæнæ искæй æвзагæй, уæддæр ыя барстой. Хæрам зæрдæ йæм ничи дардта. Алчидæр ын æххуыс кодта, кæмæн цы йæ къухы ’фтыд, уымæй. Уæлдайдæр та усгур лæппутæ: чи дзы йæ чызджы зæрдæ алхæныны ныфсæй, чи та уьтдон хæлæгмæ. Алих|а,н ма- и,у ын суанг кæрчыты фермæйы æйчытæ æмбырд кæны- иæн дæр аххуыс кодта. — Дæ м,ад дæ ху,рæй бафсæдæд, дæ нывонд фæуон. Ацы лæггад дын æз та цæмæй бафиддзынæн? — афтæ-иу фæкодта Хуыбылон. Алихæны з.æрдæ-иу æхдон тæлфт скодта. Иæ мидбылты-иу æфсæрмы худт бакодта æмæ- иу сдзырдта: — Цы м,ын у, цьт? Цас лæггад у уый? Ды та мын æй, чи 30|НЫ, нæмæй бафида.й. — Ахæм дзырдтæй а^рхайд- та Хуыбылонæн йæ бæллиц бамбарын кæныныл. Динæ Аланы æмбай уыд, ахуьтр дæо иумæ кодтой. Тынг хæлæрттæ уыдысты. Æмæ куыд нæ?! Аланы йе ’мбæлттæ Алиханы æвзагæй иууылдæр хонъш байдыдтой «чеппой». Чи йæ комкоммæ дæр хуыдта афтæ, чи та фæефæдæй. Аланмæ раздæр уыйбæрц хъьтг нæ каст. Исчи-иу æм уыпы номæй куьт фæдзырдта, уæд-иу уай- тагъд фæзылд. Фæлæ йæ куыдфæстагмæ быхсьтн нал фæрæзта, кæд дзургæ ницы кодта, уæддæр. Динæ йæ никуы схуыдта уьтцьт номæй. Хонгæ нæ, фæ- лæ-иу иннæтæм дæр хæцыд, 64
— Æдылытæ, — йæхи-иу сæм фæтызмæг кодта, — псты давынмæ уыд æмæ йын уым фæцæф? Æрдз æй аф- тæ сфæлдыста, хъысмæт æй бафхæрдта, сымах та ма йæ ноджы мæстæй марут. Цалдæр хатты уый тыххæй Али- хлпы фарст хъуамæ æмбырды æрæвæрдтаид, фæлæ Алан ноджы куы фæкъæмдзæстыг уа, уый тæссæй та-иу æй ныууагъта. (Алихан уыдонæй иу кълас разда&р; уыд, фæлæ йе ’взаг уырдæм дæр æххæст). Тынг æнувыд уыдысты кæрæдзиуыл Алан æмæ Динæ. Сæ цыд, сæ бадт, сæ уроктæ ахуыр иууыл иумæ уыд. Фæлæ иурæстæджы фæхицæн сты. Динæ иу аз фæстейæ баззад. Баззад æмæ уымæй æрхаста Аланæн бирæ маст, зæрдæйы уæззау сагъæстæ æмæ катай. Æмæ ма уый дæр цыфæнды фæуæд, фæлæ дзы йæ мадмæ дæр æр- хаудта маст... * * * — Хъусыс, Алан, — кæдæй-уæдæй ацы иу хатт схуыд- та Алихан Аланы йæ номæй. Уый дæр дзы фæбузныг, чсппой йæ кæй не схуыдта, уый тыххæй æмæ йæм бæс- тон байхъуыста. Фæхицæн сты иннæ фæсивæдæй æмæ пуварс ацыдысты. — Дæу нæ акæндзысты æфсадмæ, кæй зæгъын æй •^ъæуы, — дзуры Алихан ныллæг хъæлæсæй. — Дæ хуы- зæн къуылых уым цы хъуамæ араза. (Ацы дзырдæй та тьшг фæрæхуыста Аланы зæрдæ, фæлæ уый йæхи ныу- Урæдта). Фæлæу, фæлæу. Цы дæм хъыг кæсы? Исты сУсæгæй у? Мæ фыд йæ гуымыдза къахæй уыйбæрц нæ Ч11уы, фæлæ йæ исчи къуылых куы схоны, уæд æм нæ Хьыг кæны... -— Чи дæ фæндараст кæны, уыцы фæсивæд нæм æн- Хъæлмæ кæсынц, цы зæгъынмæ хъавыс, ууыл фæтагъд- ДфР кæн, — йæ дзырд ын фескъуыдта Алан. „-— Уæдæ хорз. Æз цæуын æфсадмæ. Ам ма чи баз- ^,,!Дзæн, уыдонæй дæуы йедтæмæ мæ зæрдæ никæуыл 5- Къæбысты 3. . 65
дарын. Иныæтæй кæй æфсадмæ акæндзысты, кæй цы. Ды ам уыдзыпæ. Ме ’рцыдмæ мæ бæлон дæ фæдзæхст. Æрмæст, — хинæйдзаг каст æм бакодта. — Де ’рфгуыты бынты-иу æм æххормаг гæдыйы каст кæй кодтай, уый зонын. Æнхъæл дæн, уарзыс æй. Æмæ дын дзы исты .р:ауайдзæи, зæгъгæ, уый куы зонин, уæд æй æз ныууадзин. Мæныл кæцы чызг атигъ кæндзæн йæхи. Æнæуи дæр уыцы хъуыддагæй фæстæмæ йæ мад мæ ныййарджытимæ рæстмæ нал у... Ацы ныхæстæ Алихан кæны сæрыстырæн. Зыпы йыл, йæхицæй, йæ уавæрæй райгонд кæй у, уый. Алан æм æнцад хъусы. Иæлинымæр ыл худы æмæ йæ хъысмæт æлгъиты. Ныртæккæ йæ æлгъиты, йе ’мбæлттимæ æф- садмæ кæй нæ цæуы, æрмæст уый тыххæй. Æрæджиау Алиханы уæхск йæ фидар къухæй æрцавта. Уый иуæр- дæм фæцудыдта. Асырх. Фæсивæды ’рдæм акаст, фæлæ йæм Динæ чъылдымы.рдæм кæй лæууы, уый куы федта, уæд ницыуал сдзырдта. — Динæ мæнæы нæ бакомдзæн, зæгъыс? Хорз, ма мын бакомæд. Кæй йæ уарзын, уый иæ сусæг кæнын. Фа^лæ цыма дæумæ дæр йæ былы цъæрттæ нæ ахсын- дзæн. Кæддæр дæ ныфс уыд йæ мадæй. Ныр уемæ хъæр- муд нал у. Æниу уыдæттыл цы дзурæм? Дардзынæп. уыцы бæлонмæ мæ хъус, æрмæст дæу тыххæй нæ!..— Ацы фæстаг дзырдты йæ дæндæгты æхсæнæй мæсты лго- мæрст ракодта, стæй фæзылд æмæ фæсивæды ’рдæм фæцæуæг. Алиханæн йæ цæстытæ цæхæр акалдтой. Йа1 фыдæх схæлбур-цъ кодта, фæлæ цалынмæ йæ маст раи- сыны фаг дзырд ардта, уæдмæ Алан, Алиханы фыдæ- иæн, Динæйы фарсмæ æрлæууыд. Алихан ноджы смæсты. Хæстæг сæм бацыд. Динæйы цоргыл рахæцыд, зæгъгæ, цыдæр дзырддаг мæ ис дема?, фæлæ йæ уый асхуыста æмæ Аланы размæ балæууыд, цыма дзы æххуыс агуырдта. Уæдмæ фæсивæд пырх кæнын байдыдтой. Алихан сын æмхуызон арфæ ракодта æмæ мæстæйдзагæй араст. 66
Серкæйæ нæма ферох, цыхтахсæгæй куы куыста, уæд (ш Сонайы лæг хъуаджы куыд арæх æфхæрдта, уый, стæй йын йæ лæджы та фермæгæсæй кæй систа, уыцы чпбар дæр. Æмæ йæ нæдæр рох фæуыдзæн, цалынмæ Сонайы иу дзæбæх æлхынцъ фæкæна. Нырмæ дæр ницæ- мæй ма баххæст «уыцы хингæнæг гауырмæ». Нырмæ пын ницыма сарæзта æмæ та уыдон уæлвæд æндæ.р, но- джы сты.рдæр маст... Ах, Серкæйы зæрдæ фæрчытæ куыд- нæ фæхаудта!.. ...Сепа ^мæнгæй нæ хъуыды кодта Сонайы тыххæй, сæрдар æй куы равзæрстой, уый фæстæ, зæгъгæ,- йæ æз мæ риуыл дæр бæргæ акафын кæнин. Баурæдта йæ хъугдуцæгæй. Бафæдзæхста йын, зæгъгæ, уыдзынæ хис- гæр æмæ иннæтæм дæр дæ цæст дар. Арæх-иу æм бауад куыстмæ, стæм хатт хæдзармæ дæр. Мидбылхудгæ-иу æн афарста, кæд ницæуыл фæлмæцыс, зæгъгæ? — Цы кæнон, кæд фæлмæцын, уæддæр? — сагъæс- хуызæй-иу афтæ бакодта Сона. — Тæрсгæ ма кæн. Æз дæ тыхсын ницæуыл бауадз- дзынæн, — йæ фæсонтыл-иу ын йæ арм æруагъта æмæ- "у йæ бур дзыгъуыр цæсгом сырх цæхæрайы хуызæн ^цис, фæлæ йæ Сона никуы фæхатыдта. Йæ хъус æм иикуы æрдардта. Æцæгдæр æй ницæуыл уагъта тыхсын: куы-иу ын суг ^рбаласта, куы-иу ын йæ цæхæрадоны æмбонд бацал- 1!æг кодта... Кæй зæгъын æй хъæуы, Серкæ бынаты куыд 1:^с уыдаид, афтæмæй. Уый та, йæ лæг сæрда.р куы ссис, .^дæй фæстæмæ арæх цæуын байдыдта горæтмæ алы- 1 ьуызон лыстæг хъуыддæгты фæдыл. Сона не ’мбæрстч, 1И1пæ дуцджыты уæлдай уымæн цæмæн афтæ лæггад к^пы, уый. Не ’мбæрста, фæлæ иу изæр сывæллæттæ '"^сылæй, стырæй, райоиæй цы кино æрбаластой, уым ’^ ь^ уыдысты, уæд та йæм фæзынд. Афæрстытæ йæ код- ,?1 нæ цардæй, йæ уавæртæй, стæй райдыдта уыцы арæ- 67
хстгай дзурын. Зæгъгæ, ды нырма æвзонг сылгоймаг дæ. 42рдз цы саккаг кодта адæймагæн, уьгй ныхмæ ййкæй бон ницы саразын у. Дæ лæгæй кæдæй нырмæ ницы бæ- рæг хъуысы. Хуыцау æй дзæбæх уадзæд... Комы аргъ лæг уыд... Æрмæст... — Иæ бандон хæстæгдæр баласта Сонамæ. Хъуамæ йыл атыхстаид. Сона йын фæстагмæ йæ хъуыды хатын байдыдта. Мæсты йын кодта йæ митыл, иæ ныхæстыл, фæлæ (быхс- та. Ныр иугæр йæ хъуыддаг фергом кодта, уæд нал ба- быхста Сона дæр. Иæ разы æртысгæнмæ февнæлдта. Сепайы фæрстæн дзы дзæбæхтæ баудæста. Æртысгæн дзоныгъвæдау мил хæххытæ ныууагъта ногæхсад урс хæдоныл. — Æдзæсгом, нæлгоймæгтæ Райгуырæн бæстæхъахъ- хъæнынц, ды та сын ам сæ устытæй хынджылæг кæнын- мæ хъавыс?!. — кæуынхъæлæсæй дзырдта Сона. Сепа хъуыддаг ахъæрæй фæтарст æмæ ницыуал сдзырдта. Рацыд, фæлæ фæсмон нæ фæкодта «Сылгоп- мæгтæ иууылдæр афтæ сты. Уæдæ, къæвдайы æртæхау, иу скойæ де ’фцæджы чи ацауындзæг уыдзæн?» — афтæ хъуыды кодта æмæ, йæхицæн ныфсытæ æвæргæ, гуым- гуымæй заргæ цыд сæхимæ. Раст, сæ хæдзары асиныл уæлæмæ куы фæцæйцыд, уыцы рæстæджы Серкæ та æд æхсыры ведра скъæтæй рахызт. Иæ лæджы чъылдыммæ фæкомкоммæ æмæ ног- æхсад хæдоныл уыцы сау тæлмытæ куы ауыдта, уæд фырмæстæй йæ зæрдæ адæнгæл. — Кæм та дæхи фæхырхтай, цымæ? — фæтъæлланг кодта. — Цы кæныс, цы? — йæ уæхсчы сæрты йæм ракаст Сепа. Æртысгæны цæфтæй йæ фæсонтæ дудыдтой, фæлæ фæд кæй ныууагътаид, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. — Кæм фесæфтай ногæхсад хæдон? — Ма та хъæр кæн, худинаг у, — сабыр æй кодта Сепа, фæлæ уый ведра мæсты тъæпп æркодта пъолыл 68
азмæ йæм бауад. Йæхи сивæзта. Бæстон æы бакаст. МиЛ- вæдтæ куы ауыдта, уæд йæ цæс^ытæ цæхæр акалдтой. — Кæй фæнык схъаудтай? Адон кæй æртысгæны фæдтæ сты дæ чъылдымыл? — ноджы тынгдæр рафыхт нæ маст. — Цæй, æгъгъйед у. Уæртæ скъæты уыдтæн æмæ мæ иу æнæхайыры хъуг йæ къæдзилæй æрбацъыкк кодта. — Серкæ хъуыддаг куы базона, уæд цы бæллæхтæ сыз- мæитдзæн, уый зыдта æмæ алы æфсæнттæ кодта, фæлæ... — Хъуджы къæдзил кæм смилæйдзаг ис? Адон мæ- нæ æртысгæны фæдтæ куы сты, — йæ разы цы бандон уыдис, уымæ сгæпп кодта Серкæ, цæмæй сæ бæстондæр федтаид. Иæ иу къухæй фæхæцыд Сепайы уæхскыл, ин- пæмæй йын йæ фæсонтæ нытъæпп-тъæпп кодта. Сепа размæ фæцудыдта, Серкæ дæр йæхи нал баурæдта æмæ æд бандон пъолыл размæ ахауд. Цæвгæ уыйбæрц ницы ныккодта, фæлæ барæй ныцъæхахст кодта, цæмæй йæ сыхæгтæ фехъусой. Уайтагъд иуцалдæр усы æрбаз- гъордтой. Серкæйы цæнгтæ æмæ уæрджытæ тыгъдæй дæлгоммæ хаудæй куы ауыдтой, уæд æм февнæлдтой. Сынтæгмæ йæ бадавтой. Иæ цæсгом ын уазал донæй æрхуылыдз кодтой, фæлæ уый уæддæр уадзыгауæн хуыссы æмæ тыхулæфт кæны. — Цы кодта, Сепа, æз дын амæлон? — афарста йæ пу ацæргæ ус. — Иæ зæрдæ бахъарм, æвæццæгæн, — æнæбарыго- мау бакодта Сепа æмæ дуармæ рацыд. Уæдмæ Серкæ дæр нæ цæстытæй скаст. Къуымты афæлгæсыд æмæ йæ лæджы куынæ суыдта, уæд та мæсты хъæр фæкодта. — Ацу æмæ дыи ныр та дæ фæрсчытæ ныссæттой умцы æртысгæиæй! — ацы иыхæстæм æрбацæуæг устытæ кæрæдзимæ æнæмбарæджы каст бакодтой. Серкæ сын æрæджиау лыстæггай радзырдта, йæ лæ- Джы фæсонтыл кæйдæр æртысгæны фæд куыд ссардта ^мæ стæй бандонæй куыд рахауд, уыдæттæ. Устытæ фыр- Дисæй се ’рттæ ныццагътой. Хъуыды кодтой, чи уыдаид. 69
ууыл, фæлæ ницы æрымысыдысты. Фæстагмæ дзы чидæр сдзырдта, зæгъгæ йæ Санаты рдыгæй рацæугæ федтон. Сонайы коймæ Серкæйы цæсгомы ’нуæрттæ æиæпцом тæлфт скодтой. Фестад алæбурыны æввонг, фæлæ йæ ус- тытæ ныссабыр кодтой, хъуыддаг бæстоп кæй ничи зыдта, уый тыххæй. Уæддæр Серкæйы зæрдæйы маст нал сысы. Агуры ис- ты къахæвæрæн. Ныр æм бынтон æнæ ’фсонæй дæр балæ- бурид. Ныцъаммар æй кæнид, фæлæ Сона уæйыджы хуы- зæн ус. Куы йæ рацахса æмæ йæ йæ дзыккутæй куы фæ- ралас-балас кæна, уымæй дæр æдас нæу. Фæлтау æндæр исты... Æмæ уыцы æндæр исты дæр йæхи къахæй æрцыд... * * * Æвзæр зымæг скодта уыцы аз хæхты. Ныууарыд зал-. ты мит. Ныхъуынтъыз арв. Уазал цъыччытæ кодта. Динæйæн Хуыбылон зымæгои хъарм палто дыууæ азы размæ балхæдта. Дыууæ азы йæ фæдардта. Æртык- каг аз дæр нырма палто бæргæ хорз уыд, фæлæ йе уæнг- тæ сæхиуыл æгæр ахæцыдысты æмæ йын тынг скъуып- дæг. Чызг дæр баззад æнæ палто. Цыбыркъух мадæн пицы фæрæз фæцис уыцы аз йæ хъæбулæп ног палто балхæнынæн. Цы хъарм кæныиц хуымæтæджы къабайы хæррæгъ- тæ? Ницы. Динæ-иу фæндагыл афтæ баргъæвст, æмæ-иу къласы æнæхъæн цасдæр нал тæфст. Рызт. Дæндæгтæ, æмдзæгъдгæнæгау, кæрæдзиуыл сæхи хостой. Аланы зæрдæ-иу суынгæг йæ хуыздæр хæлары ахæм уавæрмæ кæсынæй. Бæргæ, нæхи гуырхъармгæнæн рала- сид. Радтид ын æй. Нырма ног у. Сæрды йып æй Сопа горæтæй æрбахаста. Стæй ног куынæ уа, уæддæр гуыр- хъармгæнæн уымæн хуыйны, цæмæй адæймаджы хъарм дара. Схъарм кæнид Динæйы дæр, фæлæ йæ куынæ ба- кома. Исты йæм хъыг куы фæкæса миййаг. Стæй та æм- бæлттæ дæр истытæ куы дзурой... 70
Лфтæ сагъæс кодта Алаы иу хатт пæ, фæлæ бирæ ч.сгтыты. Ох, истæмæй йын куы феххуыс уаид... Уæд та ,1\æм исты куы æрымысид, цæмæй баурома хъызты. Бæс- ,ыл хур атулып кæиид æмæ Диыæ схъарм уаид... Лæппуйы сæнттæ! Фæлæ сæнттæ дæр хатт цыдæр феххуыс вæййыиц. Алан æрымысыд диссаджы фæнд. Соыайы хистæр чызг уый размæ фæцис каст астæук- каг скъола æмæ институтмæ бацыд ахуырмæ. Йæ палто уыйбæрц дæрдджын нæма уыд, фæлæ йæ нал ахаста. 'Торæты пог палто хъæуы», — зæгъгæ, загъта. Сона цы- дæртæ бамбырд кодта æмæ та йын балхæдта. Инпæ чыз- джытæй дæр æй ничи дардта: алкæмæн сæ йæхицæн уыд. Палто уаты къулыл бынтон æнæ хъуыддагæй æрвыста пæ зымæгон бонтæ. Алан иу изæр цыдæр архайдта уаты æмæ йыл йæ цæст куы схæцыд,, уæд ын йæ зæрдæ фес- хуыста диссаджы фæнд. Изæры йæ мад фермæйæ куы ’рбацыд, уæд йæ фарсмæ æрбадт æмæ сдзырдта æфсæрм- гъуызæй. — Гыпци, уæртæ скъаппы цы палто ис, уый куы ничи- уал дары. Диыæйæп æй радт. Уазалы ныцъæх вæййы. Тæ- ригъæд у. Сона йæ фыртмæ фæлмæп цæстæнгасæй бакаст. Хъуа- мæ йын исты хъазæн ныхас загътаид, фæлæ йæ цæст нæ бауарзта. — Æмæ йып стыр пæ уыдзæп? — сдзырдта æрæджи- ау. — Кæд ыи сбæззид, — фæпыфсджыи æмæ хъæлдзæ- гæй загъта лæппу. Дыккаг бон Соиа Хуыбылонмæ сæхимæ фæдзырдта. Рахаста йæм палто æмæ йып Аланы ныхæстæ куы ракод- та, уæд Хуыбылон тынг ныфсæрм. — Сæ хурæй бафсæд, Сопа. Дæхицæп фылдæр дарн- иæгтæ куы сты. — Дзырдта æрхæндæггъуызæй. — Алæма, æз дып амæлон. Цытæ-иу дзурыс? Дæхæ- дæг къаддæр æххуыс дæ мæ сывæллæттæн? Мæ чызджы- 71
та*н мын дЗабыртæ иууыл ды куы хуыйыс! Стæй м&н&п мæ цæгат дæр цæмæйдæрты аххуыс кæнынц. Ды иунæг удæй архайыс. — Уæд та мын йæ аргъ зæгъ. — Уæй дын æй иæ кæнын. Дысоп мын æй Алан куы- иæ ’рымысыдаид, уæд мæ фæсонæрхæджы дæр пикуы æрцыдаид. Æгайтма • кæрæдзийыл афтæ æнувыд стьт, сæ сæрыл хаст фæуон. ... Уæрæхырдæм егъаудзæф уыд палто Динæйæн, фæ- лæ йæ Хуыбылоны цæст халын иæ бауарзта æмæ йæ ныу- уагътой. ’ * ■ : Хъæуы устытæй бирæтæ бузныджы цæстæй ракастыс- ты Сонамæ. Арфæтæ йын кодтой., Хъыг уыд æрмæст Сер- кæйæн,, фæлæ уый дæр адæмы цæстмæ æппæлæн- ныхæс- тæ кодта... Бахъармысты Динæйы уæнгтæ палтойы. Нырмæ-иу кæд пецы цурæй æддæмæ нæ хызт, уæд æм ныр хæстæг- дæр нал цыд. Алан тынг фæбузныг йæхицæй. Бакæсы йæм æмæ та йæ зæрдæ цины хæлбурцъ скæны. * Фæлæ циндзинад цас æрхаста ацы палто Алан æмæ Динæйæн, уымæй йæ маст бирæ фæфылдæр. Уый разма^- йы уазæлттæ, æвæццæгæн, бахъыгдардтой Дйнæйы æв- зонг буар. Уазал дзы бацыд æмæ уалдзæджы ’рдæм ра- рынчын. Æруатон. Буар тæвды цъæхарт уадзы. Цыдыс- ты йæм уынæг йе ’мбæлттæ, йæ ахуыргæнджытæ,, хъæу- бæстæ. Уынынц æй,. фæлæ йын йæ низы хаттæн ничи ни- цы зоны. Дохтыр нæй хъæуы. Ахуыргæнджытæ бафæ- дзæхстой Хуыбылоны, цæмæй йæ горæтмæ аласа. Исдуг сразы, фæлæ йæ зæронд устытæ бакъуылымпы коцтой. Уый, дам, æнæмæпг, дзуар у æмæ-йыи дохтыртæм акопд фыдбылызæй хуыздæр хос ницы æрхæсдзæп. Фæлтау дæсны. Ныллæууыдысты дæсны фæрсыныл. Серкæйы фыды хо сыхаг хъæуы цард. Уый размæ дæр æй арфæтæгæнæг хуыдтой, фæлæ хæсты рæстæджы зыпд- гоыд дæсныйæ агæпп ласта. Суанг ма дард хъæутæй дæр цыдысты фæрсынмæ. 7?
— Дæ нывонд фæуон, Серкæ, ма ф&зивæг каён, æм# л1ыи æй ардæм æрбахон. Кæд ын йæхи цур хуыздæр базопид йæ аххосаг, — кæуыихъæлтсæй дзырдта Хуы- былон. Нæ фæзивæг кодта Серкæ. Ацыд æмæ изæрмилтыл ербалæууын кодта дæсныйы Хуыбылоны хæдзары. Устытæ фестадысты. Бапдон ын авæрдтой рынчыны уæлхъус. Ус ыл йæ лыстæг хус уырзтæ æруагъта. Йæхи- уыл дзуæрттæ бафтыдта. Иæ зонгуытыл æрлæууыд. Æр- тæ хатты зæххæн апъа кодта, стæй устыты иууылдæр дуармæ рарвыста, Хуыбылонæй дарддæр. — Стыр æфхæрд "баййæфта дæ чызг кæйдæр къухæй. Чидæр ын хипæйдзаг дзаума радта æмæ йæ хинмптæ уымæ рахызтысты... — Æ, йæ хъæбулты бахæра... — сцæйхъæр кодта Хуыбылон, фæлæ йæ дæсны фæурæдта. — Хыл нæй. Лæгъзтæ хъæуы хуыцауæп. Уыцы дзау- ма басудз ахæм ран, дæхи йедтæмæ йын йæ рухс дæр куыд ничи фепа. Йе ’ртхутæг ын сусæгæй баныгæн дзау- марадтæджы фæскъулмæ. Майрæмыдзуары номыл >æрыкк спывонд кæн. Балæгъзтæ йын кæп, цæмæй фыдбылызты сæ хицаумæ аздаха. Ныр устытæм фæдзур æмæ нывонд кæнгæ. Хуыбылон фæдзырдта устытæм. Сона дæр фæцæй- цыд, фæлæ йæ къæсæрæй ^схуыста. — Ды мæ фесæфтай æмæ ма мæм цы цæсгомæй цæуыс! Сона джихæй аззад. Инпæ устытæ дæр кæрæдзимæ æпæмбарæджы каст кодтой. Æрмæст Серкæ зыдта хъуыддаг æмæ йæхинымæр æппæлыд йæхицæй. Сона иудзæвгар сагъдау фæлæууыд кæрты,, стæй ацыд хъуыдытæгæнгæ. Цыдæр хиндзинад дзы кæй ис, уый бамбæрста, фæлæ ницы загъта. Устытæ иывонд скодтой. Фæкуывтой, стæй ацыдысты, зæгъгæ, ныр рынчыи фервæзт. Фæлæ æрдæгæхсæв Хуыбылои фæдисы хъæр райдыдта. Рынчыиæн йæ тæвд 73
тыпг схызт. Сыхæгтæ æрæмбырдысты. /Ербацыдысты ахуыргæнджытæ дæр. Лзымы дардтой Хуыбылоны, рын- чыны горæ1мæ кæй наэ ауагъта, уып тыххæп, фæлæ са. уый дзурын дæр не суагъта. Фæхъыздзæн, дам, мæм дзуар поджы æмæ мæ хæдзар æрбайхæлдзæн. Уалынмæ æрбацыд скъолайы директор, уæйыджы хуызæн сылгой- маг. Рынчыны ныхыл йæ къух авæрдта, стæй фæзылд æмæ ахуыргæнджытыл мæсты хъæр фæкодта. — Цы лæуут, сывæллон сæфгæ куы кæны, уæд?! — Йæ мад иæ хæстæгдæр пæ уадзы, — сдзырдта иу æвзопг чызг. — Йæ мад дæсныты ’взагæй дзуры æмæ уымæ цы хъусут! Ныртæккæ дыууæ лæппумæ фæдзурут. Галта^ аифтыидзой æмæ йæ ласгæ... Директоры ныхмæ иу сылгоймаг дæр пицы дзурын суæндыд. Суанг ма Хуыбылон дæр ныхъхъус. Чысыл фæстæдæр дыууæ сау галы дзоныгъ ластой уалдзыгоп ихсыд фæндагыл. Сæ разæй, йæ къуылых къахæй рафæлдæх-бафæлдæхгæнгæ цыд Алан. Дзоны- гъыл куыфы мидæг хъæццулы бын æнæзмæлгæ хуыссыд Динæ. Дзоыыгъы иу уæлдуаныл бадт Хуыбылоы. Разæп куыфы чъилыл та бадт директор. Иæ къухы даргъ æхсæр уис. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу дзы æрцавта иу кæ- нæ иннæ галы. Алап цыд галты разæй æмæ хъуыды кодта йæ мад æмæ Хуьгбылоны æнæнхъæлæджы хылыл, фæлæ ницы æрымысыд, уæддæр бузныг уыд директоррæй. «Сæ дыу- уæйыл дæр уый куыпæ схъæртæ кодтаид, уæд мæм кæ- цæй æрхаудтаид ахæм амонд». Ц: ф % Рынчындон. Палатæ. Динæ хуыссы сынтæджы. Тæвд—цыппор градусы. Уазал бафхæрдта чызджы буар. Ноджы рæстæгыл нæ сæмбæлд дохтыртыл. Низ стыхджыи... Иу мæй... Дыккаг... Судзинтæ... Хостæ... 74
идзæбæх. Ныммæллæг. Ныллæмæгъ. Æрбаздæхт. цæ- ^ынц æм уынынмæ йе ’мбæлттæ, ахуыргæнджытæ, хъæуы , сплтæ. Се ’хсæн нæ зыны Сона. Алчи дæр базыдта, дæс- пы Серкæйы дзыхæи афтæ кæй радзырдта, уый. Хуыбы- .юп дæр æй хаты, фæлæ йыл Серкæ йæ кæлæп æвзаг ауагъта. Йæ хæдзары йæхицæн адджын ницыуал кæны. Пууыл сæ уыйрдæм сарæзта, цæмæй сæ адджындзпнад ма фехæла. Уæддæр Хуыбылоны зæрдæйыл, фæлмау, сбадт уыцы хъуыддаг. Сонаимæ кæй фæхыл, ууыл дæр фæсмон кæны, фæлæ ма цы? Палто басыгъта. Сонайы фæсхæдзар æртхутпег баиыгæдта. Ныр ма йæм цы цæсгомæй сдзура? Сонайæп йæхи зæрдæ дæр нал хæссы Хуыбылонмæ сдзурын уыцы карз фидистæ æмæ æлгъыстыты фæстæ. Фыццаг сæм нæ бацыд Алан дæр. Тынг æй фæндыд Динæйы фенын,, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста. Дыккаг боп, устытæ куыстмæ куы ацыдысты, уæд сæм бауад. Тынг фæцин кодтой кæрæдзиуыл. — Мæ ирвæзынгæнæг ды дæ, Алан. — Мæ мад та дæ рынчын фæкодта, — йæ мидбылты хинæйдзаг худт бакодта Алан æмæ Дипæйы мæллæг къухмæ бавнæлдта. — Афтæ ма дзур. Ма дзур афтæ, — лæгъзтæгъуызæй дзырдта Динæ, стæй кæрæдзимæ нымдзаст сты. * * * Алан фæцис астæуккаг скъола каст тынг хорз бæрæг- гæиæнтимæ. Ахуыргæнджытæ йын алы ипституттæм фæидиæгтæ лæвæрдтой, фæлæ уымæи рагæй нысангопд уыд, кæдæм цæудзæп, уый æмæ куыддæр йæ гæххæтты- тæ сцæттæ сты, афтæ сæ Дзæуджыхъæуы хъæууонхæдза- радон ииститутмæ арвыста. Ныр ма йын йе ’нцойад са- фы иу хъуыддаг: Динæйы уарзондзинад ын нал дæтты æнцой. Цы кæна? Нырмæ дæр ын бæргæ искуы æркоп кодтаид, фæлæ йæ ныфс никуы бахаста. 75
Ныр афтæ нал. Хъуамæ йын раргом к&на йæ з&рдæ- ны уаг. Уьгй уыдзæн, ахуырмæ куы цæуа, раст уыцы бон, У&дмæ йæ цæмæн æргъæвта, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Институтæй райста дзуапп. Тагъд, дам, фæлварæн- тæм зын., Сонаты хæдзары æрæмбырд сты фæсивæд. Кафт. Фæндыры зæлтæ ризæгау кæнынц уæлдæфы. Динæ кафы. Цæмæндæр æрхæндæг у ацы хатт. Йæ цæсгомыл нæ хъазы мидбылхудт. Цы у йæ аххосаг? Æмæ йын Алан цы æмбары? Ныртæккæ йæхи сагъæс фылдæр у. Кæд мыййаг æндæр истæуыл мæсты у, уæд ын бафæрсæн дæр нæй. Æнæ бæрæг базонгæ та Аланæн йæ бадт нæ уыдзæн адджын. Куы фемдзаст вæййынц,, уæд Динæйы цæсгом асырх вæййы. Цæмæн? — Уымæн дæр ницы зоны Алан. Æрмæст цыдæр ныфс февзæры йæ сæры. Динæ цæхæрадонмæ ахызт. Æвæццæгæн, кафгæ-ка- фын схид æмæ йæхи ауазал кæныны тыххæй. Алан уыцы рæстæджы иннæ уаты йæ дзаумæттæ ивта æмæ йæ куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ æнæнцой тæлфт скодта. Æндæр хатт та, чи зоны, йæ хъуыдытæ ныссуйтæ уыдаиккой, фæ- лæ ныр рæстæг нæй. Архайын хъæуы. — Динæ, цæмæн рацыдтæ дуармæ? — афарста йæ ризгæ хъæлæсæй, йæхæдæг фефсæрмы. — Чысыл мæхи ауазал кæнон... Тæхудиаг нæ дæ, Алан, уæлдæр ахуырмæ чи цæуы. — Ех, Динæ, цæмæйзоныс, цы зæрдæйы уагæй цæуьш. уый? — æнкъардгъуызæй сдзырдта Алап. — Кæд фырцинæй афтæ дæ? — Нæ, Динæ, Иæ аххосаг... Цæй, цы йæ ’мбæхсон, йæ аххосаг ды дæ. Рагæй дын зæгъыимæ хъавыдтæн ацы хъуыддаг, фæлæ. — Алан, цæмæи мыи риссыи кæныс мæ зæрдæ. Фæ- цæйдыгъд, фæлæ уæдмæ балкъоныл фæзындысты фæси- вæд. Сонаитæ Аланы дзаумæттæ дуармæ рахастой. — Цæй, фенынмæ уал, мæ хæлæрттæ. Чи зоны, нæ 76
бахауон æмæуæм фæстæмæ рæхджы æрæздæхон. — Къæ- сæргæронæй æрбадзырдта. — Уымæй дын тас нæу. Афтæ тагъд дйер нæм йё ’рш- дæхдзыиæ, — сдзырдтой цалдæрæй, æууæндыдысты Ала- пы тыхыл, стæй йын ныфс æвæрын дæр хъуыд. * * * ...Тьщг фæцыд Дзæуджыхъæу Аланы зæрдæмæ. Фæл- варæнтæ æнтысгæйæ куы радта, уæд нал рацыд фæстæ- мæ. Тел рарвыста. Цы дæс боны ма, дам,. мын ис, уыдон, дам, хъуамæ ам арвитон горæт æмæ æввахс хъæутæ феныны тыххæй. Кæмдæрты йын дзы хæстæджытæ дæр уыд æмæ йæ ныкъуылымпы кодтой. Фыстæджытæ арæх æрвыста сæхимæ. Фарста алкæй дæр. Иу цалдæр хатты æрæрвыста Динæмæ, домдта дзы, фæстаг бон ын цæхæрадоны кæй дзырдта,. уымæн исты дзуапп радтын, фæлæ йæм уый бæстон никуы ницы ныф- фыста. Иæ зæрдæйы æнкъарæнтæ гæххæттыл ранывæи- дынмæ йæ ныфс нæ хаста æмæ фæлтау сæ кой дæр нæ кодта. ... Иу хатт иу конвертыл фыст уыдис, комкоммæ Со- намæ, зæгъгæ. Мады зæрдæ ныссæххæтт кодта, кæд, зæгъ, дзы исты æвзæр хабар ис. Айхæлдта йæ: «Мæ зынаргъ мад, — фыста Алан, — хъусын дын кæ- нын иу цины хабар,, фæлæ йæ дæуы йедтæмæ куыд ничи- ма зона. Уæд та дзы ницы рауад. Иу профессор мын ба- ныфсæвæрдта, дæ къах, дам, дын иннæйы хуызæн сараз- дзыиæн. Операцийы рæстæджы мæ цуры куы уаис, уый мæ фæнды. Тел дæм куы радтои, уæд-иы исты æфсон рацу...» Мады зæрдæ ацъæхтæ-буртæ. Иæ цæстытыл уайы йæ хъæбул куы бынтон дзæбæхæй, куы та бынтон иукъа- хыгæй. Куыд диссаг дæ, мады зæрдæ! Никæмæн ницы загъта. Иæ чызджыты дæр бафæ- Дзæхста, цæмæй, тел куы райса,, уæд дзурой, ницы зо- 77
нæм, зæгъгæ. Æмæ уыдоп, æцæгдæр, ницы зыдтой. На- сыл баууæндыд Сона. Мыййаг, дам, искуы куы срæдиой. Дыууæ мæйы дæргъы фæцис Сопа Дзæуджыхъæуы, фæлæ бæлвырд ныхас иицы æрæрвыста. Иу изæр Сонаты кæрты æрбалæууыд «Виллис». Рахызт дзы Сона. Йæ фæстæ лæдзджыты æицой сындæ^ æрхызт Алан. Адæм сыл тыгуыртæ кодтой. Алчидæр джихæй каст Аланы къахмæ. Цалдæр азы ма фыццаг хатт ацы кæрт- мæ æрбацыд Хуыбылон. Атыхст Аланыл, стæй Сонайыл æмæ йæ цæссыгтæ æркалдысты. Динæ Аланы къух райста æфсæрмгъуызæй, стæй иуварс ацыд æмæ йын сусæгæй йæ къахмæ каст. Дыууæ къахы дæр æмхуызон кæй уыдысты, ууыл рæстмæ æу- уæндгæ дæр нæ кодта. Аланы къах дзæбæхæй-дзæбæхдæр байдыдта. Зæхмæ йæ æруадзы. Чысыл ыл уæз дæр æркæны. Лæдзджыты æпцой рацæуы уынгмæ. Ие ’мбæлттæй кæд исчи æвдæлоп вæййы, уæд æм фæдзуры. Иумæ фæбадынц, фæныхас кæпынц. Иу хатт уынджы иунæгæй бадт. Динæ донмæ фæ- цæйцыд. Алан æм фæдзырдта. Динæ дон æрбахаста, стæй йæм бацыд, сæ дыууæйæн дæр æхсызгон уыд, хъæуы фæсивæдæй бынаты кæй ничи ис æмæ иунæгæй кæй сты, уый. Иудзæвгар куы фæныхас кодтой, уæд æй бафарста Алан. — Æфсады чи ис, уыцы æмбæлттæй фыстæг никæмæп нсыс? — ацы фарст æм сæвзæрын кодтой Алиханы иухат- ты ныхæстæ. Динæ йын йæ фыстæджытæп бæстон дзуапп кæй иæ лæвæрдта, уый тыххæй йæ зæрдæ фехсайдта. — Исып дзы кæмæйдæрты. — Алихан дæм не ’рвиты? — ^Фесаф æй, — йæ къух ауыгъта Дипæ. — Æрвиты, фæлæ... — Фæлæ цы? — хынцфарст æй акодта Алаи. — Цы дын æй æмбæхсоп? Ам куы уыд, уæд дæр 78
пырдта, ныр дæр фыссы, уарзып, дам, дæ æмæ дзы æз (а рагæй фæстæмæ мс сæфт уынын. Дæхæдæг нæ зыдтай. \ !скуы йæм рæстмæ дзургæ дæр скодтоп? — цыдæр ах- чосджыны хъæлæсæй дзырдта Дипæ. — Уый афтæ уыд, фæлæ... — Фидарæй йæм ныффыстоп, зæгъын, ис мып уарзоп æмæ мæм уæгъды ма æихъæлмæ кæс. Уæдæй нырмæ нал æрæрвыста. — Æмæ дып æцæг ис? — хинæйдзаг фарст æй акодта. — Уыдис мып, кæд мæ нæ фæсайдта уæд. — Рагæй нал фембæлдыстут? — Уыйбæрц рагæй дæр нæу. Фыццаг хатт мып иуцал- дæр пыхасы загъта уæртæ уыцы цæхæрадоиы, балбæ- ласы бын. — Динæ ацамыдта Аланты цæхæрадонмæ æмæ йæ мидбылты æфсæрмы худт бакодта. — Æпхъæл дæн, фыстæджытæ дæр ма дæм фыста. Ды сып дзуапп лæвæрдтай? Æнæуый лæвæрдтоп, фæлæ уый цы домдта, уымæп дзуапп радтын иикуы бафæрæзтон. Ах, цы ’хсызгои уысм уыд. Аланæй йе ’ппæт фыдæ- бæттæ дæр айрох сты. Йæ арм а^руагъта Динæйы сæрыл æмæ йæ йæхимæ æрбалвæста. — Динæ, уæдæ мæ кæд уарзыс, уæд мæ фæндыл сразы у. Дæ гæххæттытæ арвиг Дзæуджыхъæумæ æмæ та иу ран ахуыр кæнæм, — йæ хъусыдзурæгау ып кодта. — Ды ма сæ кой кæныс, фæлæ сæ æз æрвнтгæ дæр акодтоп,, — йæ мидбылты бахудт Динæ. — Æцæг? Уæдæ мæ йеныр бауырныдта, кæй мæ уарзыс, уый. Æз дæр дæм сеитябры зыидзынæи. Ацы азы фæлварæнтæ уæд дæтдзыиæн. Сæрды, дам, дын тæвды зып уыдзæп æмæ ма ахуыры азæй дæр атыдтой. Ныр сснтябры æмбистæм ам баулæфдзыпæп, стæй... Дзæвгар ма фæбадтысты. Кæрæдзимæ дзæвгар фæ- кастысты, фæлæ кæм ис! Кæрæдзимæ кæсыпæй бафсæ- дынæн сæ цы хъæуы, уымæи йæ мииæм хай дæр пæ уыд уыцы каст... 79
* * * Сепа хъæуæй ахызт. Йæ къахы айст — уæззау, зивæг- гъуыз. Былтæ размæ фæцъупп вæййыпц хатт, фæлæ сс ’хсæнæй кæддæрау нæ райхъуысы æхситтæй зард. Цæс- тæнгас — æнкъард, æрхæндæг. Бæргæ йæ фæнды æрлæу- уын, фæстæмæ азилын æмæ йæ хъæубæстыл афæлгæсын. Чи зоны... зынг зæгъынæй ком нæ судзы, уæд та фæстаг хатт цæуы ацы фæндагыл. Æгæр карзæй йæм сиды областы прокурор. Æгæр бирæ цыдæртæ йыл снымадта уыцы ревизор. Ех. Серкæ,, Серкæ! Уый йæ бабыч кодта. Колхозæн скъæт саразыны тыххæй хицауадæй фæиста æхца, алыгъуызон æрмæджытæ. Æмæ кæм ис уыцы скъæт? Скъæт нæ, фæлæ сæ Серкæйы æфсымæр Малхаз горæты астæу æддæгуæлæ хæдзæрттæ сыскъæрд- та. Ныр йæхæдæг ахæстонмæ фæразæй. Цы ныфс ма дзы авæра Сепа? Колхозы цыхт æмæ царвæй Серкæйы хæс- тæджытæ кæддæриддæр сойбыл уыдысты. Йæ дард хæс- тæджытæй дæр-иу сæм исчи куы фæцис, уæддæр æй иу карчы æвджид никуы уагътой. Иемæ дæр ма дзы хъуамæ айстаид. Уæдæ йæм йæ сывæллæттæ цæмæ скæсдзысты? Æй, Сепа, Сепа! Кæм уыд дæ сæр?! Нæ,, цыфæнды уæд, уæддæр Сепа акæсид фæстæмæ. Йæ ус нырма хъæугæрон кæй лæууы, кæлмæрзæнæй йа^ цæссыгтæ сæрфгæ, уый зоны. Фенид ма йæ, чи зоны, уæд та фæстаг хатт. Дæ хорзæхæй, ахæстоны йæ куы амидæг кæной, уæд цас бафæраздзæн? Нæй. Фæлтау размæ. Цæуын. Фæлæ та ногæй хъуы- дытæ. Уæдæ ма исчи ахæм хъуымыздзых къæбæдайы сæрдарæй уромы? Уымæй дæр æидæр исчи куы уаид фæлæ, Сепайы раз йæ зонгуытыл æрлæууыны бæсты уьгмæн йæ чъылдым æртысгæнæй чи ныххоста, уый лæп- пу. Куыдзы фырт, æцæг бæгуы зæндджын лæппу нæ басгуыхт. Нырма афæдзæй фылдæр нæ кусы колхозы æмæ цас хорз хъуыддæгтæ сарæзта. Æмæ иоджы сæрдар ссис. Ныр, æвæццæгæн, ахæм истытæ сараздзæи æмæ ма 80
пырмæ Сепайæн чысыл чи аргъ кодта, уыдопмæ дæр . ьæмпы халы йас нал зындзæн. Стæй ноджы йæ ус та чпстæр агроном... Дæлæмæ æрхау, хуыцау, кæд куырм г;с бадæ. «Ех, мæнæн дæр дзы куы ис фырт. Мæ фæллой мын \\ ыбылон æмæ йæ чызджы хъуыры ауагъта. Уарзы, ,шм, мæ. Кургæ, дам, æй кæнын. Ны,р Сонайы чеппой .кеппуйæ амой кодта. Иæ мард фесæфæд уыцы дохтырæи дæр, уый йын мæ пыхас. Уæвджыйæ дæр, схæйрæджытæ сты ныры адæм, æндæра ма ахæм диссаг дæр искуы æрцыд? Адæймагæн йæ къах æрдзæй цыбыр рацыд. Ды схæц æмæ йын æй айваз. Иннæйы хуызæн ын æй сараз. Пуй, мæ фыдбылызтæ уæ хай фæуæд! Фæлæ дзы уæддæр Сепайæп цы фырт рахъомыл, ахæм никæмæп. Цæрæнбонты Аланимæ сæ доны бын нæ рæсугъд кодта. Динæйы уарзондзинадæй йæ зæрдæ тæвд уæхстыл физонæггæнæгау хъизæмар кодта. Ныр сын сæ чындзæхсæвмæ горæтæй стыр хуынимæ фæцыд. «Æй,дæу мын цы радта, уый дæуæй хуыздæр ма суа», — цыма йæ разы уыд, уыйау хъæрæй сдзырдта. Бынтон мас; та йын айразмæйы фыстæг скодта. Æнæхайыр фæуæд уыцы постхæссæг дæр. Цыфæнды йын зæгъ, уайтагъд дын дæ къух ацараздзæн. Сепа йын загъта,, зæгъгæ, мыпйаг мæ фыртæй Динæ, кæнæ Аланмæ куы уа фыстæг, уæд-иу мын æй мæ къухты бафтау. Уый дæр ын иу къуырийы фæстæ, Алихан Динæмæ кæй фыста, ахæм фыстæг йæ къухы фæсагъта. Сепайæ никуы ферох уыдзысты мæнæ ахæм ныхæстæ: «Мæ мад æмæ мæ фыдæй раст хъомылад пæ райстоп. Хиуарзондзииад мын мæ зæрдæйыл æмпъу- : æпау иыххуыдтой. Алчидæр цыма мæпæп бирæ дæлдæр >, афтæ мæм зыпд. Сымахæй та курын хатыр. Нырмæ цы >ыд, уый ферох кæпут æмæ мæ нымайут уæ хуыздæр хæларыл...» «Хатыр сæ ракур. æиæсмудæи!» — хъæрæй - зуры Сепа. — Сылгоймаджы нæ, фæлæ дæ уаллоиы 1 > ыбыны сæвзæрыы хъуыд уыцы æлгъагæй. Йæ ныййар- ДЖытæ йæ æвзæр ’схъомыл кодтой, фæлæ йæ чидæр зопд ■ Къæбысты 3. 81
фестын кодта! Ех-х! —Мæсты ту ныккодта Сепа. Фæстæ- мæ фæзылд, фæлæ сæ хъæуы нал ауыдта. Къуылдымы фæстæ раджы амбæхст. Нал федта, Серкæ мусы чъил кæлмæрзæны къабазæй йæ цæссыгтæ куыд сæрфы, уый дæр. Æрмæст^йæ хæдфæстæ лæууыд сæ хъулон куыдз Мила. Уый цыма зæххы бынæй фегуырд, уыйау лæууыд æнцад æмæ йæ сау цæстытæй цыдæр аххосджыны каст кодта йæ хицауы æрхæндæг цæспшмæ. Сепайæн йæ зæр- дæ суынгæг. Дзæвгар фæкастысты кæрæдзимæ, стæй Се- па фæндаджы цур æрбадт. — Æрцу ма ардæм, Мила, — сдзырдта уынгæг хъæ- лæсæй. Мила Сепайы раз йæ фæстæгтыл æрбадт. Йæ къуыбыр хъустыл чысыл размæ фаехæцыд æмæ, йæм æи- хъæлмæкæсæджы æмдзаст ныццис. Сепа йæ арм æр- уагъта куыдзы сæрыл æмæ та сдзырдта: — Кæдæм цæуыс, Мила, ды та? Стæй æз, чизопы, афæстиат уон, уæд Серкæ иунæгæй тæригъæд у. Йæ фырт æй ныууагъта. Уырысмæ афардæг. Ды йæ уæддæр ма ныууадз. Сыстад Сепа. Иу чысыл ацыд. Ракаст та. Куыдз уæд- дæр лæууы. — Ацу, Мила, ацу. Ацу æмæ Серкæмæ дæ хъус дар. Куыдз азылд уæззаугай. Йæ къæдзил бынмæ æруагъ- та æмæ йæ къæхтæ зивæггæнæджы ист кодта. Сепа ныр бынтон иунæг банкъардта йæхи æмæ та йæ зæрдæ суынгæг... Хъæуæй ахызт Сепа..,
>_.'|^^.^.Г|, Г 1 I 1Г11ЦИ
ÆНДÆР АХУЫРГÆНÆГ ...«Уæдæ кæм федтаии уьщы сау цæетытæ?.. Уыцы грдыи æрфгуыты фат мæ зæрдæйы кæ,м ан.ыхст? Кæм ^æ барæвдыдта, æдзух мидбылхудт кæуыл хъазы, уы- иы фæлмæн цæстæнгас?» — Ахæм сагъæстæ кодта Сар- ди. Зноп хъуамæ аздæхтаид горæтмæ. Хæдзарæп цæугæ иер ахæм дзырдæй ракодта, зæгъгæ, скъола фендзынæн ;смæ... Фæлæ Раройы хъæуæй раздæхып, зæгъыиау, æицоп : æу. Иу къуылдыммæ уыдзынæ. Зæгъдзьшæ: н,ыр ^аройы хъæу мæ разы, худæв.æ,рдау, æрлæудзæн, фæлæ • а æндæр къуылдым, уасæджы къоппайау, хырхæвæр- дæй февзæрдзæн дæ разы. Уæдмæ æрбахæццæ дæ фæс- ’аг къуылдыммæ, ардæм, армытъæпæнау, зыны Раройы ^ъаеу. Иу уæлхох быдыры, цыма хъазтæ баривæд код- ’ой, уыйау зынынц хæдзæрттæ. Сæ астæуты, аууондар- Г,^У, бæрзонД фæцыдысты бæлæстæ. ...Сарди Раройы хъæуы фыццаг базонгæ скъолайы Чфектор Четиты Сергиимæ. Уый, сæ цæнгтæ фырзадæй к^мæд æртасыдысты, ахæм фæткъуыбæлæстæм æвæрд- Та аразæнтæ. Иæ хытъын æмæ кæрæф афхяйд Сардийы ^Рдæ,м,æ нæ фæцыдысты, фæлæ йæм бадзырдта уæд- 85
— Мæ фыды хай, баи\,атыр кæн, фæлæ мын скъола- мæ фæндаг куы ацамонис. — Цы зæгъыс, лæлпу? ~ тызм,æггъуызæй, афарста, æм,æ Сарди,мæ афтæ фæкаст, цыма йæ «мæ фыды хай» кæй схуыдта, уый иæм фæ,хъыг каст. — Скъоламæ мын, зæгъын, фæндаг куы ацамолнс, — Æмæ дæ скъолаиы цы хъæуы? — Уырдæм, мж рарвыстой физкультурæйы ахуыргæ- нæгæй. — Уæдæ уал фыццаг йæ директоримæ базонгæ у! — Йæ цæсгом цыма фæирддæр ис лæгæн. — Æмæ кæм ис? — Дызæрдыджы фарст æй акодта æ,мæ дыргъдоныл йæ цæст ахасга. — Ау, афтæ гыццыл дæн? Æз дæн йæ директор, Четиты Серги. Сарди йын ахæм «уæйыг» æнхъæл нæ уыд. Цалын- мæ уый хъуыдытæ кодта, уæдмæ та Серги сдзырдта: — Уæлæ ма уыцы дуарыл мидæмæ ’рбахиз æмæ дæ хæстæгмæ фенон. Сарди мидæмæ бацыд. Серги, иу фæткъуыйы бын цы стъол уыд, уый фарсмæ даргъ бандоныл æрбадт æмæ йæ фарсмæ ацамыдта: — Ам уал аулæф. Бафæлладаис. Сарди Сергииы къух райста æмæ йæ фарсмæ æр~ бадт. | | | ! \ — Уæдæ ды дæр физкультурæйы ахуыргæнæг дæ? — Цæстæнга,сæй йæ хорз сбарста. — О, — цыбыр дзуапп радта Са^рди. — Тынг дæ æппæлыд Бесо æмæ мын æхсызгон у. — Скъола куы фенин. Абон хъуамæ аздæхоя. Стæй мæ фатеры кой дæр бакæнын, хъæуы. — Ныр изæр у. Фæфыдæбон кæндзьшæ. Ахсæв ба- улæф. Фæбадæм. Уый фæстæ дæр дæ кæд бафæнда, уæд ам цæр. Хæдзар мын нс. Разындзæн дзы, дæуæн дæр. — Бузныг, фæдæ м,а мæ хъуыддæгтæ уыд... 80
— Иицы кæны. Райсоммæ фæлæудзысты. Исты уал куы ахæрикклм... — Нæ, иæ! Бузныг. — Фæлæу, фæлæу... уæ Аминæт! — бадзырдта хæ- дзармæ. — Цы зæгъыс, баба? — Райхъуыст æвзонг сылгой- маджы хъæлæс. Са,рди йæм бйкæсьшыл афæлв.æрдта, фæлæ йæм фæткъуыты цæнгтæй нæ зынд. — Уым ма нын истытæ радав. Мæнæ ног ахуыргæ- пæг æрбацыд æмæ уыимæ дæ,р базо,нГ|æ у. — Ныртæккæ! — Мæ чызг у, историйы, а,хуыргæвæ,г, — сдзырдта æмæ йæ уадулæй бындз асырдта. Аминæт разынд фæткъуыты аууонæй. Йæ къухы пъамидорты салат, кæрдзын æмæчысыл дурыны арахъхъ. Саулагъз, бæрзозд, рæхснæг чызг. Йæ былтæ æмæ й,æ цæстытыл, рог, уддзæфау, хъ<азы мидбылхудт. Сардц куыддæр фæтыхст. Цыма йæ кæддæр федта, афтæ йæм фæкаст. Чызг йе ’рмттæ кæрæдзиуыл адагъта æмæ йæ ра^из къух Сардимæ бадардта: — Амшæт! «Уæдæ кæм, фехъуыстон ацы хъæлæс?» — Сардийæ йæ ном зæгъьш дæ^р айрох. — Галяйы бьшдтмæ у, — Серги, агуывзæты арахъхъ æркодта. Сардийы тынг фæндыд, Аминæты кæм федта, уый æрхъуыды, к/æ,нын... * * * Фатер Сергдтæм баххуырста. Дыууæ болы сæм фæ- цис, стæй уал аздæхт. Цы бон æмæ цафон æрбацæу- дзæн, уый загъта Сергийæн, цæмæ.й-иу æм м.аши,нæ,в/æп- дагмæ галтæ арвита. Уый йын баныфсæвæрдта, фæлæ пын фатер Кæй радта, ууыл фæфæсмон кодта: «Цыдæр зыгъуыдгмæ адæйм.аг у, — ф^æлæ ницы кæны. Куыд мæ 37
фæнда, афтæ пæ æрыздухдзыиæи. Лæппу у: кæм йге дзаума ’хсннаг, кæм йæ кæрдзып кæнинаг. Иууылдæр мьш лæгъзтиаг пæ уыдзæл?!.» Лхæм хъуыдытимæ Серги ацыд цæхæрадонмæ. Бандоныл уæлгоммæ йæхи ауагъта æмæ йæхи æвзоигад дæр æрлæууыд йæ зæр- дыл... Æниу кæм уыд æвзонгад? Йæ иувæрсты куыд ата- хти, у,ый хатгæ дæр нæ фæкодта, Уыдис ыл мад. Уæз- дан, чырыстон адæймаг æй хуыдтой. йæхæдæг æй рæст- мæ пæ хъуыды юæны. Сергийыл бирæ нæмæ цыд, афтæ амард. Йæ фыд Уано хуыздæр лæууы йæ зæрдыл. Æм,æ цы? Адæмы, рæгъы йæ ра,кодта. Æппынфæстаг æй цæуыл бафтыдта... Цы? Цы йын бауарзын кодта? Уарзинаг циу, ахæмæй исты? Нæ! Ахæмтæй Серги нидауыл фæцайдагъ. «Царды сæйраг мулк у! Фæллой... Бамбæрстай, сæрхъæн?» — Афтæ-лу ын дзырдта Уано. Фæллой кæнын, дам, зон æмæ цæрай. «Æм.æ куыд кæнгæ у фæллой?» — Кæддæр æй ба- фарста Серги. «Мæнмæ кæс æмæ ахуыр кæл. Уый тæскъ бийын нæу. Кæс æмæ алцы дæр дæ зæрдæмæ арф и,с»... Æмæ сахуыр Серги. Уæлдай хуыздæр базыдта фæл- лой кæньщ, стæй та, ахуыргæнæджы куыст. Уанойæн йæ ус куы, а,м,ард, уæд ныр,ма сæрæн уыд, фæлæ <æлдæр ус ракурыныл нал ныллæууыд. Хæстæ- джытæй йын чидæртæ скойтæ кодта, фæлæ сæм уый йæ хъус дæ,р ие ’рдардта. Иу хатт Серш институтæй зымæджы каиикулты куы ’рбацыд, уæд йæ фыдæн загъта: — Баба,, нæ хæдзар сылгоймаджы фыдæй сæфы. Нырма зæронд нæ дæ... Ракур ус! — Цы зæгьыс, сæрхъæн? —• Ус, зæгъын, куы ракурис... — чъызгæ сдзырдта лæппу. — Зæххыстæн, мæ фыдæбон доны бын адымдта... — Цæмæн афтæ зæгъыс? 88
— Мæдæ цыт& дзурыс? Искæй дарилаг а^ркæнон .тмæ цæттæ фæллопыл æрбада?.. — Æндæ^р фадат иæй,—тарст, фæлæ уæддæр пæ фæндон загъта Серги. — Айк каркæл зонд куыд амыдта, уый митæ ма кæн." Серги пицыуал загъта. Уано дæр иудзæвгар æнæ- дзургæй-æ фæбадт, стæй йæ пыхцыл рихи уыцы иу схъиуд фæкодта æмæ йæ. быдай райхъуыст хинæйдзаг худт. — Æви кæд дæхи фæиды ус курын, дзидзидай? Дæ зæрдæ дын макæй рæсугъд бакъуыра?—Уыцы тызмæ* гæй йæм ныккасти йæ кæрæф цъæх цæстытæй. — Мæн ахæмтæм нæма ’вдæлы, фæлæ ма ’ркæс нæ хæдзары уагмæ? Рыджы бын фæци. — Ды мын фæллой зæгъ, уый йедтæмæ цы у рыг? Афу йыл кæн æмæ та фæллой разына. Бамбæрстай? Фæллой, фæллой!.. Ус фæллой нæу, фæлæ фæллойсаф. Цалышлæ удæгас дæн, уæдмæ мæ хæдзармæ сылгоймлг æрбакæныны фæнд ма скæн. Сергимæ бахъардтой йæ фыды ныхæстæ. «Циу, æцæг, сылгопмаг? Сыгъдæгдзинад дæр хорз у, фæлæ хæдзары куы ниды уа, уæд дзы цы сыгъдæг кæныс? Ус кæмæн ис, уыдонæй та бирæты хæдзæртты къ,а,байæ дарддæр ницы ис. Раст у мæ фыд». — Æмæ ныллæууыд а^ппындæр ус м,а ракурыныл, фæлæ хъæумæ кусыимæ куы ацыд, уæд фсмбæлд Ни.нæйыл. Хъæздыг мад æмæ фыды иупæг чызг. «Ракур æй æмæ фæллæйтты дæ хъуырм^ а,ирв.æзай». Æмæ йæ ракуьирдта, фæлæ йæ фадхъултæм дæр нæ аныхст фæллойы. Нинæ чындзы куы ацыд, уæд пæ фыд сæ хæстæджытæй иу сидзæр лæппуйы æр,ба,кодта. Йæ бынтæ йыл ныффыста æмæ... Сергийæн йæ бон нал уыд уый æппæт фæллоймæ кæс- гæйæ уым цæрын. Иæ фыд куы амард, уæд рацыд сæхи- мæ. Иу дыууæ азы æгуыстæй аззад. Сарæзта хæдзар, 89
дыргъдон. Уый фæстæ сæхи хъæуы скъоламæ бахаудта ахуыргæнæгæй, стæй уып, йæ хæстæг Бесойы рухсады хайады хистæр куы скодтой, уæд Ссрги та сси днректор. * * * Сарди Раромæ фездæхæны æриста йæ дзаумæттæ. Чысыл фалдæр цы гуыбыр балбæлас уыд, уый бынмæ сæ бахаста, æмæ æнхъæлм^æ каст. Уальшмæ хъæдæй æрзындысты галтæ. Йæ цурмæ куы ’рхæццæ сты, уæд уæрдонæй рахызт хæрз æвзонг, къæсхуыр, да,ргъ лæп- пу. Æрурæдта галтæ, Сарди.йæн сала.м радта, æм<æ ма йæ дзырдмæ бафтыдта: — Дæумæ мæ рарвыста директор. — Уæдæ æгас цу, мæ хæла,р, — загъта Сарди æ,м<æ хуыссæнтæм февдаелдта. — Æз сæ сæвæ.рдзьшæн, — фæцырд лæппу æмæ хуыссæнтыл иннæрдылæй фæхæцыд. — Ды ма фыдæбон кæн. Æз мæхæдæг!—Хуыссæн- тæ кæд уæззау уыдысты (сæ хуылфы чилгуытæ дæ,р уыд), уæддæр сæ ахæм риуыгъд скодта æмæ Сардимæ афтæ ф|æк,аст, цыма сы,л фидардæр куы хæцыдаид, уæд ын йæхл дæр уæрдо,нмæ сæппæрстаид. — Дæ но,м цы хуыйны? Ахуыр нæ кæныс? — Гæр- къайы хуынчъы гæрзбæндæны кæ,рон тъысгæйæ, бафа»р- ста Сарди. — Сослан мæ хонынц. Фарастæм къласы уыдзынæп ацы аз... — Машинæ уæм нæ цæуы, Сослан? — Хус рæстæджы иу хатт искуы фæзыны. — Ацы фæндагыл? — /Ендæр фæндаг нæ,м нырм.а нæй,. Фылдæр хатт къахяей. фæцæуæм. — Спорты бæсты уын æй нæ н.ым.айьшц? — Спортæ^ йæхи, дæр уарзæм, фæлæ... 90
— Фæлæ цы? Физкультурæйы ахуыргæнæг ма уæм 411 И.С? — Тынг хорз ахуыргæнæг нын уыд. Спорты алы хуызæн дæр цы х,ъу,ыд, уыдан са.мал кодта. Директорæй домдта, цæмæй спортзалæя иу хуьшæтæг м,æнгагъуысг >æддæр сарæзтаид. Уый зал нæ, фæлæ дуармæ кæмæн уыд сæвæрæн, уыдон дæр нæ бауагъта. Уый фæстæ йæ æндæр кæдæмдæр аивтой. Серги, уый быняты дæр иу цæхæрайы хуызæн лæджы баурæдта. Йæ астæу тасгæ дæр нæ кæны. Нæхæдæг м,а ф.æархайæм, фæлæ нæ уый дæр нæ уадзынц, скъолайы кæрты. — Æмæ Серга алæм лæг куыяæ зыны... Афтæ ныхасгæнгæ схæццæ сты хъæумæ. Директор сæ размæ рауад. Цыдæр хинæйдзаг цинтæ йыл акодта, фæ- лæ Сардийы не ’вдæлд æмæ йæ нæ рахатыдта. Æгас цæуай, æгас, мæ хур!—Асинтыл æрхызт ныл- лæг, фæтæнтæ конд сылгоймаг. Уый уыд Нинæ. Серги- йы ус. — Са,рди, æрбахæццæ дæ? — Кæдæйдæр та й|æ хъустыл ауад зонгæ хъæлæс. Сарди асиныл Аминæты куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ æхцон тæлфт скодта: «Уæдæ йæ кæм федта/ин. Кæм базонгæ дæн раздæр йемæ?» Са.рди æмæ Серги бахызтысты скъолайы кæртмæ. Уым, тулдзы бьш даргъ бандолыл бады иу сырхдъар лæг. Йе ’фсæртæ уæрæх, йæ сæр куыдуæлæмæ — цъупп. Йæ гуыбыны царм уæрджытыл æрæнцад. Сардимæ аф- тæ фæ^аст, цыма ацы лæджы дæр раджы кæддæр федта. — Хæрæджы сæрыл фæбадай, Хыдыр, кæд дæуæн хæ,стæг нæй. Ам бады æмæ нырмл махмæ ше бауад! — сдзырдта Серги æмæ йын йæ къух æркъæрцц кодта. Ныр ,æй, Сарди, базыдта, знон Сослан цæхæрайы хуызæн кæй схуыдта, уыды Хыдыр кæй уыдэæн æмæ 91
йæхинымæры бахудт. «Æцæг цæхæр.айы хуызæн. СырХ, йæ астæу фæтæн, куыдуæлæмæ — лыстæг». Хыдыр Сардимæ уыцы лыстæг ныккаст. Серги сдзырдта: — Уый иæ ног ахуыргæнæг у. Физкультурæйæ... Хыдыр Сардийы къух райста æмæ Сергийы дис- гъуызæй афарста. — Æмæ та уэвдæ мæ сахаттæ фæкъаддæр уыдзысты?.. — Гæнæн нæй. Галяйы бæсты рæстæгмæ уыдтæ... Уый, Сарди, хæцаг гал уыдис æмæ йын сыкъатæ алас- та. — Нинæ куыдтæ у, Нинæ? — Хыдыр иæ ныхас цæх- гæр фæивта. Зындис ыл, йæ зæрдæ хæрамæй кæй айдзаг и,с, уый. — Зæххыстæн, дæуæй бщæ мæллæгдæр нал у, фæ- лæ дæ æндæр никæй афæрсын фæнды? — Серги Хыдыры гуыбын басхуыста. Хыдыр сылваз худт бакодта. Сæхи дзуринæгхыл фесты æмæ сæ Сарди айрох. Уый сæм иуварсæй каст, дис кодт.а, цавæр адæм сты, цы хуызæн ныхас кæнынц,, ууыл. Æппынфæстаг Серги йæ сахатмæ æркаст æмæ сдзы- рдта: — Цæй,, ныр мидæ,мæ бацæуæм. Тагъд дзæнгæрæг дæр уыдзæн... Сарди фара,спæ,м къласмæ куы бацыд, уæд сыл йæ цæст ахаста. Уыдис дзы æртындæс ахуыргæнинаджы: æх- сæз лæппуйы æмæ авд чызджы. Партæтæ дыууæ рæн- хъæй кæрæдзимæ — дæрддзæф. Иу рæнхъыл бадынц чызджытæ, иннæ рæнхъыл та лæппутæ. Сардимæ хорз нæ фæкаст. Бафарста сæ: — Цæмæн афтæ бадут? Уыдон кæрæдзимæ дызæрдыджы кæстытæ бакодтой. Иудзæвгар дзуапп ничи лæвæрдта, стæй Сослан загъта: — Дйректор нæ иумæ бадын нæ уадзы. Фарон нæ Галина Ясоны, чызг сбадын кодта афтæ æмæ йемæ фæ- хыл. 92
— Æвæццæгæн галиу митæ кодтатг — Нæ. Сабыр бадтыстæм, — загътой цалдæрæй. — Староста чи уыд фарон? — Уæртæ Хазби, — Сослан бацамыдта иу бæзæрхыг лæппумæ. Уый сыстад. — Хазби, ацы урочы фæстæ, партæтæ æрбахæстæг кæнут æмæ сбадут иумæ. Æрмæст ныллæгдæрты ра- зæй сбадын кæн, науæд ма уæртæ уыцы чызгмæ бакæ- сут. Цы уындзæн уырдыгæй? — Ахуыргæлинæгтæ иу- уылдæр акастысты, фæстейæ цы гыцдыл саулагъз чызг бадт, уымæ æмæ схудтысты. Уый йæ сæр партæйы бьш амбæхста. Æртыккаг урок куы фæцис, уæд Серги æрбацыд мæстыгъуызæй. Журнал стъолмæ балпæрста æмæ Сарди,мæ фæсидт йæ кабинетмæ. Сарди бацыд, Иувлрс æрлæууыд, æнхъæлмæ кæсьт. Серги, йæ лæгуын сæр адяудта æмæ сдзырдта: — Сарди, мæ зæрдæ,мæ нæ фæцыд дæ къласы равæрд. Дæ размæ чи, уыд, уый дæр сæ афтæ сбадын кодта æмæ уырдыгæй раядыдта, нæ быцæу. Нæ мæ бамбæрста, нæ йæм бахъардта мæ амынд æмæ йыл æз дæр æддæмæ ахæцыдтæн. Ныфс мæ ис, ды мæ ба,м,бар- дзыпæ... Кæсыс ныр, егъæуттæ сты. Иумæты бадгæйæ сæм, цæмæйзонын, цы хъуыдытæ, цы ’нкъарæнтæ фæ- зындзæл. Ацы кар тæссаг у... — Æз даер сæ афтæ уымæн бадын кæнын. Ахæм хъуыдылы афои сьш кæйу, у.ый хъуамæ ма бафилпайой. Сæ кæрæдзимæ дард сбадын кæнгæйæ нæ бахиздзынæ. — Раст Галяйы дзырдтæ фæлхатт кæныс... — Уыдон уый нæ, фæлæ зындгонд ахуыргæндты дзырдтæ сты, — нынныхмæ Сарди даер. — Цыбыр дзырдæй, ам нырма æз дæн хистæр, ме скъолайæн мæхæдæг зонын. Афтæ сæ куыдпæуал фе- пои. Кæрæдзниыл куы сбæидæи уоп, уæд пæ хъуыддаг пыссуй .’уыдзæн... ----Г’ье, æмæ м,ах пæ уроктæ афтæ хъуамæ аразæм, 93
пæмæп хъуыдд,аг ма ныссуйтæ уа. Хъуамæ сæм æвзæ- рын кæнæм хотæ æмæ æфсымæрты ахаст, — фидарæи дзырдта Сарди. — Æй, мацы уæ загъдæуа, ныры кæстæртæ! Уæ фындзтæй дарддæр куыд ницы уынут... — Цæй хорз, — йæ дзырд ын фескъуыдта., — Ацы кълас ныууадз мæ бар, кæд дзы фæзиан кæнæм, уæд азым мæхи.мæ исын. — Иугæр хъуыддаг куы схæццæ уа, уæд... Уæдмæ дзæнгæрæг уыд æмæ сæ ныхасы кæрон æнæлхындъæй баззад. Сардийæн йæ куысты фыццаг бон рауад маст. Иæ зæрдæ цыдæргъуызон нырхæндæг. Уракты фæстæ тамкоммæ араст хæдзармæ. Хæрын дæр æм не ’рцыд, афтæмæй æрбадт стъолы фарсмæ æмæ фыстæг фыссын р.айдыдта. Скъол.айы сæрф-æг Цæриаты Налхъуыдæн йæ фыд хæсты фесæфт, йæ мад та чындзы ацыд. Хъомыл æй кодта йæ фыды м,ад. Ахуырмæ нæ фæгæрз. Куыст ,æмæ сыгъдæгдзинадмæ — хуыцауы диссаг. Иæ фыды мад дæр куы а,мард, уæд бьштон иунæг баззад æмæ йæ скъоламæ сæрфæгæй бакодтой. — Чындзæхсæв нын нæма хæрын кæныс, Налхъуыд? — Мæстæй йæ мардта ахуыры хаиады гæс Рутен. — Чызгæй хъауджы нуæзт куынæ кæныс, уæд æм цы бæллыс?—бынмæ кæсгæйæ сдзырдта Налхъуыд Æнæуи дæр кО|М,ком,м,æ нæ. каст дзургæйæ,. — Мæ тыхтæ д,æ чындзæхсæБмæ æвæрьш. — Æвæлтæрдæй дын дæ игæртæ асудздзæн арахъхь æмæ дæхицæн нал бантысдзæн чындзæхсæв скæнын. — Хыдьиры зæ.рдæмæ тынг цæуы, фæлæ дзы ай цыдæр йе сæфт федта, — сдзырдта химийы ахуыргæ- иæг Джсргаты. Катя æмæ Рутенмæ й,æ мидбылты ба- худт. — Фесаф æй, цæхæрайы хуызæн. Æниу мæм дæлфад ихсыд куы бауид, йæ цæсгом сæнцъылдта Налхъуыд, цыма æлгъаг исты федта. 91
— Цы м,æгуыр у? Нард, рæсугъд... — Дæхæдæг дзы смой кæн уæдæ, — фæтызмæг Нал- \ъуыд æмæ дуарм,æ рацыд. Хыдыры кой й,ыя кæ,й скодтой, уый йæ бауырныдта. Фæлæ Хыдьцр йæ цæсты сывдз у. Цæхæра дæр ыл Иал- хъуыд сæвæрдта æмæ йæ ыыр æнæхъæн скъолайы фæс- фæдæй йæхи номæй ничиуал хоны. Цыфæвды цъыфбО|Н,ы дæр Хыдыр йæ къæхтæ дуар- мæ никуы сæрфта. Арсау-иу фæдгæнгæ араст уыцы сыгъ- дæг пъолыл. Налхъуыд æм мæстæй хæлд, фæлæ йæ цæс- гом нæ хъæдыд. Ахуыргæнæг у! Иæхинымæр-иу æй хорз фелгъыста, стæй та-иу ын йæ фæдтæ хафын байдыдта. Иу хатт .æнæхъæн къуыри æдзух фæуарыд. Нал- хъуыд-иу райсом къæсæргæрон байтыгъта хуылыдз гол- лæгтæ. Сæ цуры лæууыд æмæ сывæллæттæн сæ къæхтаг сæрфын кодта. Ахуьфгæнджытæм ницы дзырдта. Уыдон- иу сæхæдæг ныссæрфтой, науæд та сæ къалостæ дуар- мæ раластой. Хыдыр нæдæр къалос дардта, нæдæр йæ къæхтæ сæрфта. Налхъуыд ын цалдæр боны фæбарста, фæлæ иу хатт нал фæлæууыд æмæ сындæг, ахуыргæни- нæгтæ йæ куыд нæ фехъуыстаиккой, афтæ сдзырдта: — Ды дæр м,а-иу дæ къæхтæ ныссæрф, Хыдыр, уæл- дай фыдæбон мьш ма араз. Хыды.р мæсты зылд фæкодта: — Цы зæгъыс? — Зæгъьш, дæ къæхтæ.-иу асæрф. — /Емæ ма ды та ам дæ ком ивазынмæ бадыс? — Уæдæ дьш дæ къæхтæ дæр æз сæрфон? — Мæ къæхтæ ды,н ничи сæрфын кæны. Цы дыл æмбæлы,, уыдон сæрф.— Фæцæчцыд, фæлæ йæ хъустыл ауад Налхъуыды м,æсты ныхас. — Ахуыргæнæг у, афтæмæй йæм æгъдау нæй... Хыды,р фæаылд æмæ фæхъæр кодта: —.Сæрхъæн цыдæр! Дæ дзыхьтл хæц, «æндæра... Налхъуыд фæстæмæдзураг нæу, фæлæ йæ исчи сæр- хъæн кæнæ æдылы схуыдта, зæгъгæ, уæд уый никæмæн 95
ныббардзæн. Ныр дæр мæстæй рафыхт. Цы карздæр ныхас ын зæгъа, ууыл афæлвæрдта, фæлæ куы ппцы ссардта, уæд фæхъæр кодта: — Фесæф ардыгæй, гд?,хæрайы хуызæн. Ацы ныхас кæдæй æрбаймысыд, уый йæхæдæг дæр нæ базыдта. Хыдыр æ,м бæгуы нæ амæстьт. Хъуамæ йæм ралæбурдтаид, фæлæ ахуыргæпинæгты худып куы фс- хъуыста, уæд фæтарст, зæгъгæ, ма мæ ноджы нсты куы схона, æмæ мидæмæ фæцæуæг. Уæдæй фæстæ,м,æ уыцы ном йс рагъæй нал ахауд, фæлæ йын æн йæхи цур Налхъуыды йедтæмæ ничи дзьцрдта. * * * «Æндæр дæ никæй афæрсын фæнды?...» — Лцы дзырдтæ Сарди фехъуыста Сергийы дзыхæй, Хыдырыл фыццаг куы фембæлд, уæд. Раздæр сын ницы нысани- уæг лæвæрдта. «Чифæнды уæд сæ хъуыдыйы. Мæнæн цы уæлдай у?» — Фæлæ куыдфæстагмæ, хъæстæ сын- дзау, йæ аæрдæйы арфæй-арфдæр ныхсын байдыдтой. «Йæ сьирх хæлын цæстытæ цæмæн ныццæвы уыцы Цæхæра Аминæтмæ? Йæ цæстæнгас ыл цы бандзыгау пæййы? Сæхилæй алы,- х,атт царв æмæ цыхты хуынтæ цæмæн х.æссы Нилæйæн? Æндæр ничиуал ис уьтцы зады- ныхæлдæм дæр. «Хыдыры хуызæн сæрæн лæппу иикуы ис»,— пæтгæ-нæтгæ фæдзуры. Æниу Серги! Хыдыры недтæмæ зæ,рдиаг,æй дæр никæмæ сдзуры ахуыргæн- джытæй. Алы бон та сæ,м цæугæ кæньт... Стæй йæ фæ- дыл Аминæт рахизы. Цыдæр ныхæстæ сæм вæййы. Ау, Аминæты куры? Æмæ хуры къæртт цъыфы сфидаудз г- нис?»—Ахæм сагъæстæ хæлбурцъ кæнынц Сардпйы зæрдæны. Нæ, нæ, уыдоныл Сарди нæ баууæнддзæч. Ау, й,æ сæфт амовд ссардта æмæ та ногæй йæ къухæй ацъелф кæндзæн? Нæ,, уый нæ уыдзæн... Иу хатт æй йæ фьтд акодта иæ дард мадьфвадæлтьт хъæум,æ,-Сарди 99
фыццаг йæ цæст ахаста æрдзы равæрдыл. Дзæбæх дуртулæн къултæ дзы куы федта., уæд йæ зæ.рдæ барухс. Зæгъгæ, хæрзизæр нæ уыд, уæд иу цалдæр дуры æнæ- ратулгæ нæ ныллæууыдаид. Дыккаг бон раджы фестад. Йæхи ахсадта, иу æхсыры къус анызта æмæ лыгъд радта хæстæгдæр къуылдыммæ. Иу цалдæр дуры куы ратылдта, уæд .æм æмбырд байдыдтой хъæуы сывæл- лæттæ. Ах, йæ буар-иу цы ’хсызгон хæлбурцъ скодта, тулгæ дур-иу куыд фесхъиудта æмæ-иу уæлдæфы цас- дæр куыд фæтахт, уымæ кæсгæйæ. Сарди уæлдай хæлардæр сси иу къæсхуыр, саулагъз чызгимæ. Иæ ном ын Аминæт хуыдтой. Уый йæхи цæ- мæндаер иннæтæй хибар ласта. Сарди та йын тæригъæд кодта. Хæстæг æ.м бацыд æмæ йæ бафарста: — Скъоламæ нæ цæуыс? — Куыннæ, — йæ мидбылты бахудт чызг æмæ йæ риуы æгънæджытимæ архайын байдыдта. Сардийæн æхсызгон уыд, нырмæ хибарæй, æнкъардæй чи лæууыд, уыцы чызджы кæй бахудын кодта, уый æмæ та йæ афа/рста: — Кæцы кълаемæ? — Фæндзæмтæм ахызтæн. — Чызг Сардимæ комком- мæ бакаст. — Уæдæ дын мæ бынат. Æз фæдæн фæндзæмтæ. Ныр æхсæзæмты уыдзынæн, — сдзырдта Сарди хъæл- дзæгæй. — Гъе, горæттæгтæ, уæ ахуырæй æппæлын уадзут, фæлæ рацыт æмæ дуртулынæй сбыцæу кæнæм!—фæ- хъæр кодта иу лæлпу. — Æз цæй горæттаг дæн! — ныххудт Аминæт. — Æз хъæуы цæрын. Ам нæ хæстæджытæм уазæгуаты дæн. Уыды худт Сардийы уæнгты ахъардта æмæ дзы кæмдæр нымбæхст. Иу цалдæр боны ма фæхъазыдысты иум,æ, стæй Сарди рацыд, уыцы худт йæ зæрдæйы рахаста. Ныр та йыл уал азы фæстæ мæнæ ногæй фем- бæлд... Иæ ’сæфт амонд ссардта. 7. Къæбысты 3. 97
Фæлæ Хыдыр... Кæд æй Аминæт уарзы миййаг? Чи зоны, кæрæдзийæн дзырд дæр радтой, уæд?.. Уæд Сар* дийæн ис иу фæндаг: ныууадз дæ куыст æмæ фæлидз, Аминæты хуызæн чызгыл кæм пал фембæлдæуа,. ахæм ранм,æ. Ацы хъуыдытæ, ихджын донау, лæдæрстысты Сар- дийы зæрдæйыл æмæ цы фæуыдаид, уый нал зыдта. Куысты рæстæджы йын ницы вæййы, фæлæ-иу стæй катай йæ зæрдæмæ калмау бахылд. Иу хатт Сослаимæ фæдзырдта фæсахуыр. — Айразмæ мын цæйдæр спортивон инвентары кой куы скодтай. Цымæ кæм сты? — Дæлæ ныккæнды æмбийынц. — Иæ дæгъæл кæм.æ уыдзæн? — Завхозмæ. — Ссар ма мын æй. Фенæм сæ. Сослан куы ацыд, уæд йæхæдæг м.идæмæ бахызт. Сабат бон уыд æмæ дзы ахуыргæнджытæй ничиуал уыд. Рутен бадт иунæгæй, цыдæртæ фыста. — Нæма дæ ’вдæлы? — бафарста йæ Сарди. — Кæд хонгæ кæныс, уæд — табуафси. .— Уый дæр цы диссаг уг фæлæ ам цæйдæр спорти- вон инвентарь ис æмæ сæ, зæгъын, фенæм. — Кæд дзы исты бæззы, уæд дзы спайда кæнæм. — Æм,æ Цæхæра йæхæдæг куынæ тыхсы... — Цæхæра цæхæра у æмæ йæ уæдта хуы ахордта, уæд мах дæр й,æ фæдыл хъуамæ аи.рвæзæм? Уæдмæ Сослан æрбацыд. Иæ фæстæ ныллæг, къæс- хуыр лæг йæ рахиз къах раст исгæ æрбазынд. Сарди- итæн салам радта. — Агуырдтат мæ? — О, дæлæ ма ныккæнды дуао бакæн. Цыдæртæ дзы ис æмæ сæ фенæм, — сдзырдта Рутен. — Уыцы æфсæйнæгтæ, йедтæй зæгъут, æвæццæгæн? Æмæ сæ згæ куад б^хордта, — сдзырдта æмæ сæ разæй араст. 98
Ныккæнды разынд, згæ кæуыл схæцыд, ахæм тур- ник, брусятæ, даргъ æфсæйнаг асин, пуртитæ, хъазæн хыз. Сарди сыл йæ цæст куы ахаста,, уæд сдзырдта: — Сом хуыцаубон у. Равдæлдзæн дæ, Рутен? — Цæуылнæ? — Уæдæ мæнæ Сослан лæппутæн зæгъдзæн, мах та сæрдарæй галтæ ракурæм. Хъæдæрмæг цы хъæуы, уый а?рласæм æмæ исты, саразæм. — Æмæ сæ кæм, сæвæрдзыстæм? — Бæхтыдугъ кæрт нын куы ис. — Сергийы куынæ сфæнда? — Уый ма нын хъуамæ лæгъзтæ дæр бакæнид! Æз бадзурдзынæн йемæ. — Бафæлвлрæм. ...Изæры егъау быцæу рауад Серги æмæ Сардийы ’хсæн. — Сывæллæттæ, сæ рæстæг сафдзысты æм,æ са чингуытæ байрох уыдзысты. — Уый раст нæу. Фæсахуыр сывæллæтты хъæуы ахъазын, се уæнгтæ айвазын. Нæ сæм фæкæсыс, куыд дзæгъæлы хъеллау кæнынц æнæхъуыддагæй. Уый та сып уыдзæн пайда. — О, кæд æз ницыуал æмбарын, уæд ды ди,р,ектор фест æмæ сын цыфæнды кæн! — Кæд дзы исты зиан уа, уæд æй æз мæхи,мæ, исын, — лæгъзтæгæнæгау сдзырдта Сарди. — Æгæр бирæ исыс дæхимæ, лæппу, æмæ дын тæр- сын... — Физкультурæ æнæниздзинеды хос у æмæ йæ нæ сывæллæгпæн цы хæлæг кæнæм?.. — Скъолайы сæйрагдæр иннæ предметтæ сты, æз уый домдтон нырмæ, домдзынæн æй нырæй фæстæмæ дæр. Гъе, уым,æй дарддæр мах хъуыддаг нæй искæй æнæниздзидадмæ, Уæд ма. дохтыртæ т-а цы ми кæндзыс- ты?!. 99
Би|р,æ фæбыцæу кодтой, ничи сæ басаст, æрмæст ма Сарди фæстаг хатт загьта: — Мæнæн сæ уæддæр æнæсаразгæ нæй, — æмæ ууыл сæ дзырд ахицæн. Дыккаг райсом Сарди скъолайы ’рдæм иннæ хæт- тытæй раздæр азылд. Æнхъæлдта, зæгъгæ, дзы ныр,ма ничи уыдзæн æмæ нæ тагъд кодта, фæлæ фæрæдыд. Скъолайы кæрты баййæфта цалдæр лæппуйы æд мигзе- нæнтæ. Дыууæ цæды галтæ ифтыгъдæй лæууыдысты æмæ сынæр цагътой. — Бахатыр кæнут, лæппухæ. Зæгъын, нырма сымах фынæй кæндзыстут æмæ-.. — Ницы кæны. Нырм^а раджы у, — загътой уыдол. — Рутен никуыма ис? — Нæма. — Уæдæ уæм ныр цы фæнд ис? — Иу цалдæрæй хъæдмæ ацæудзыстæм, иннæтæ не ’рцыдмæ цæджындзы бынæттæ скъахæнт, — сегасы бæс- ты дзуапп радта Сослан. — Раст у, — йæ дзыппæй барæн систа Сарди, — аба- рæм æмæ фæнысæнттæ кæнæм, кæм цы къахын хъæуы, уый, стæй мах хъæдмæ ацæуæм. — Хъæдмæ нæхæдæг ацæудзыстæм, — загъта Сос- лан. — Сымах нæ базондзыстут, цахæм цæджындзтæ хъæ- уы, уый. Барст куы фесты, уæд лæппутæн сæхи фæндонмæ гæсгæ равзæрста, хъæдмæ чи ацæуа, уыдон. Иннæтæн бафæдзæхста, зæгъгæ-иу Рутен куы ’рбацæуа, уæд ам уæ цуры лæууæд. — Миййаг нæм Хыдыр кæнæ директор куы ’рбацæ- уой æмæ куы хыл кæной? — тыхстгъуызæй сдзырдта æстдем къласæй иу лæппу. — Тæрсгæ ма кæнут. Æз бадзырдтон семæ, — ныфс сын бавæрдта Са.рди æмæ ацыдысты. Сытынг куыст. Ныхас, Адчи дæр сæ кодта, цы хуы- 100
зы слорт уарзы, уый кой. Æрбацыд Рутсп. Уый дæр куыста семæ, худæг ныхæстæ сын кодта. Сихормæ хæстæг æрыздæхтысты хъæддзаутæ. Сарди сывæллæттæн сихор бахæрыны тыххæй радта иу сахат улæфт. Иæхи йын Рутен акодта, мæ мад уæливыхтæ кæ- нинаг уыд сихорыл, зæгъгæ. Фæссихор ма лæппутимæ æрбацыд цалдæр чызджы даар. æмæ хыл самадтой Сосланимæ, махæн, дам, цæуыл- нæ фехъусын кодтай знон. — Фæлмæн къухтæ хъæд калынæн нæ бæззынц. — Хынджылæг кодта Сослан. — Æмæ уæрмытæ дæр не скъахтаиккам? Науæд ацы фæзуат сыгъдæг кæнинаг нæу? — Уымæн та нырма рæстæг ис. Хъæр мыл ма кæнут, æндæра фестъæлфдзынæн. Чызджытæ апырхысты æмæ райдыдтой хуыртæ уи- дзын, сæрфын. Лæппутæй чи хырхæй лыг кæны, чи цæ- джындзтæ амайы. Сарди уæрмытыл азылд. Иæ зæрдæ ма кæмæ ’хсайдта, уыдон фæарфдæр кодтой. Хур;ы фæстаг тынтæ ма хæхтыл тыбар-тыбур кодтой, афтæ уыдон дæр фесты сæ куыст... * * * ...Хыдыр уæд, Серги кæм куыста, уыцы скъолайы фæндзæм къласы ахуыр кодта. Ахуыр зæгъæм, фæлæ ницæмæ арæхст физкультурæиæ фæстæмæ. Иу хатт Серги, журнал йæ дæларм, афтæ.мæй бацыд Хыдыры ныййарджытæм. Раарфæ сын кодта... Хæдзар^ы къуымты йæ цæст ахаста. Иу ран федта картофы егъау кæри. Иæ зæрдæ сæм фæкъæпп кодта. — Уæ фыртæн йæ бынаты баззайынæй тас у, — загъ- та æрæджиау. Хыдыры фыд — ацæргæ, фæлæнырма фидæрттæ конд лæг — лæгъзтæхуызæй райдыдта: — Дæ рын бахæрон, дæ хъус мын æм фæдар. Ме 101
’пнæ сывæллæттæй ничи сахуыр. Амæн ма уæддæр каед исты рацæуид. Уыцы хорздзинад дын мæ уæлæ нæ ныу- уадздзынæн. — Мæ бон та куыд нæ у? Къласгæс дæр сын æз дæн. Фæлæ... Серги та картофтырдæм аздæхта йæ цæстæнгас. Уаедмæ фынгыл фæзынд карчы фыд, иу дурын а-рахъхъ,.. Серги дзы цалдæр куы анызта, уæд фысымы ба- фарста: — Картоф уæм хо-рз зайы? — Æндæр та нæм цы зайы, мæ хур, — загъта лæг æмæ та йедзаг сыкъа Сергимæ бадардта. ...Изæры дзæбæх куы ’рталынг, уæд чидæр ахуыргæ- нæджы дуар æрбахоста. Серги, кæд нозтджын уыд, уæддæр фынæй нæма кодта. — Кæцы^дæ? — Æз дæн — Хыдыр. Дуар байгом. Хыдыр уæззау æргъомы бын, зын улæфтгæнгæ, æрбахызт. — Цы сты уыдон? — Мæнæ дын мæ фыд картофтæ... — фырфæлладæй йæ бон дзурын нал сси. Ацыд. Серги райхæлдта хуын. Ка.р,тофгæ, иу авг арахъхъ, иу банкæйы — царв. Иæ зæр- дыл æрбалæууыдысты йæ фыды дзырдтæ. «Ской æри у, æри та тыхми у». — Серги йæ мидбылты бахудт. Уæдæй фæстæмæ йæм арæх цæуын байдыдта Хыдыр цæттæ кæныны ’фсон. Фылдæр хуынтимæ цыд. Серги иу цалдæр хатты сæхимæ дæр æрхаста цыхтытæ, царв. Иæ фыд-иу дзы фæбузныг., «Куыд зыны, афтæмæй цæ- рын фæзоныс». Уано ма дыууæ азы ацард, стæй амард. Хыдыры фыд Сергийæн аслам аргъыл радта æр;тæ азы хуыскъ хъуг кусæрттагæн. Уый дæр зæрдиагæй архайдта Хыдыры иу къласæй иннæ къласмæ æргъæвыныл. /Бвдæмты онг æй куы скодта, уæд рацыд уырдыгæй. 102
Фарастæм кълас куыддæриддæр фæцис Хыдыр, афтаё иæ æфсадмæ акодтой. Уырдыгæй куы р.ыздæхт, уæд бух- I алтерты афæдзон курсытæм ацыд. Цалдæр азы акуыс- 1а колхозы, фæлæ дзы хъуыддæгтæ ныххæццæ кодта æмæ ма ахæстонæй тыхæй фервæзт. Уыцы куысты бар ын нал радтой æмæ та йæ Сергийы сæр бахъуыд. Уый æххуысæй Хыдыр «фæцис» Раройы астæуккаг скъола æмæ физкультурæйы ахуыргæнæгæй агæпп ласта... Хыдыр рагæй йæ былы цъæрттæ хæры ус ракурын- мæ, фæлæ цыдæр хуыцауы ’лгъыст фæцис æмæ йын не ’нтысы. Алчи йын уайдзæф кæны. Иу хатт ын Серги та афтæ бафиппайдта: цалынмæ, дам, зондджын чызг агуырдта, уæдмæ æдылыйæн лæппу райгуырд. Зноны саби, дам, нал дæ. Æмбæлы, дам, дыл ус ракурын... Æмæ уыдон цыфæнды кæиæнт, фæлæ йæхæдæг къаддæр пæ тыхсы. Бухгалтерты курсыты семæ иу заманайы чызг ахуыр кодта. Æркой йын кодта, фæлæ марадз зæгъ. Дæ цъупп сæр, дам, мæ бахиз. Ахæм ма дзы къæйных чызг разына!.. Уый фæстæ та сæхимæ иу ахуыргæнæгыл дзырдта. Цалдæр хатты йæм хатджытæ дæр барвыста, фæлæ уый дæр ныффæрск. Кæмдæрты йын амонгæ дæр чындæуыд, фæлæ дзы чи йæ зæрдæмæ нæ цыд, кæмæ та йæ ныфс нæ хаста. «Кæй амындæуа, ахæм чызг дын куынæ бакома, уæд уый æгаддзинад у», — хъуыды код- та æмæ та-иу йæхæдæг фæраздæр, мæ зæрдæмæ, зæгъ, нæ цæуы. Ныр Сергийы бинонтимæ афтæ куы схæла.р, уæд та йæ зæрдæйы монц скуыста. «Мад æмæ мæ фыдæй ныфс ис. Тынг æнувыд мыл сты. Амииæт дæр мæм æвзæр цæс- тæй нæ кæсы. Цæй адджын ныхас фæкæны мемæ!..» Хы- дыр арæхдæр цæуын байдыдта Сергитæм. Иу бон дæр- иу Аминæтимæ куынæ аныхас кодта, уæд йæ зæрдæ рыст. Цалдæр хатты афæнд кодта Аминæтæн комкоммæ зæгъыи, фæлæ та-иу йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, раз- дæр ын чи’не сразы, уыцы чызджытæ æмæ-иу йæ пыфс 103
асаст. Фæстагмæ, сфæид кодта СергИимæ бадзурьш, «Стæй кæд чызгымæ æнцондæр дзурæн уаид»... Ацы хъуыды йæ.м хорз фæкаст. Иурæстæджы сæхицæй æр- хаста арахъхъ, уæливыхтæ, дзидза. Сергитæн дзы сæ хай бахаста. Иудзæвгар куы абадт, уæд загъта фысымæн: — Уым ма дзы, хæдзары, иу авг фæуагътон æмæ йæ цом аназæм. — Цы уæлдай у. Адон дæр ды куы ’рхастай. — Мæхи хæдзары мын æхсызгондæр уыдзæн. — Ацу. Афтæ йæ фæнды æмæ йæ ма фæхъыг кæн,— бахатыд æм Нинæ дæр. — Æз Хыдыры никуы фæхъыг кæндзынæн, — загъта Серги æмæ сыстад. «Кæд мæ нæхимæ дæр нæ фæхъыг кæнай, уæд дын мæ дæндагæй цырагъ да.рдзынæн», — сдзырдта Хыдыр йæхинымæр. Хыдыр газетæй æмбæрзт стъолыл æрæвæрдта иу авг арахъхъ, иу уазал уæливых æмæ фых дзидза. — Цалынмæ физонæг фыца, уæдмæ уал афтæ... Серги физонæджы коймæ бахъæлдзæг ис, фæлæ ма уæддæр æфсонæн загъта: — Цæй физонæг ма дæ хъæуы, адон дæр фаг сты. — Нæ мæ хур. Фынгыл мурзæг фæрскæй физонæг куынæ уа, уæд нæ фидауы. Æрбадтысты. Хыдыр уал архайдта Сергийæн фыл- дæр бадарыныл, стæй уый фæстæ хъуыддагмæ дæр ахиздзæн. Уый — дæ уазæггаг, уый — нуазæн. Серги дæр сæ нуæзта. «Иу авг цы ракæндзæн лæгæн?» — хъуыды кодта. Уæдмæ дурын фæзынд фынгыл. — Зæххыстæн, расыгмæ мæм æрхъавыдтæ. — Цæй расыг, цæ... Стæй дæр райсом хуыцаубон у, æмæ... — Уый у, фæлæ... — Хыдыр та йын йæ дзыхмæ агуывзæ бахаста. — Мæ фыд дæ афтæ бирæ уарзы. Фæдзæхста мын, цæмæй дæм хъусон æмæ дын лæггад кæнон... Физонæг сцæттæ. Уый цытæн дæр( ма фæйнæ аныз- 104
той. Сергийæн йæ цæстытæ ирвæзтытæ бапдыдтои. «Фæтагъд хъæуы хъуыддагыл, науæд куы ныррасыг уа, уæд дзы ницыуал -рауайдзæн». —Ахъуыды, кодта Хы- дæр æмæ æфсæрмгъуызæй загъта: — Серги, хибарæй дын цыдæр зæгъииаг уыдтæп. Ам мын хуыздæр фадат ис... — Зæгъ, мæ хур, зæгъ, — загъта Серги. — Чи зоны мын ахæм ныхас не ’мбæлы. Фæлæ дæхæ- дæг зоныс, куыд хæларæй цæрæм. Мæ фыд иууыл дæ кой кæны... — Иæ цæрæнбон бирæ. Комы аргъ лæг у. — О, æмæ нæ уемæ хæстæг бакæнын фæнды. — Ацы дзырдтæй йæхи цæсгом ссыгъд. — Хæстæг зæгъыс? Ома куыд хæстæг? — Дæ чызг мæ зæрдæмæ цæуы æмæ... — йæ сæр æфсæрмгъуызæй уырдыгмæ æруагъта. Серги чысыл ахъуыды кодта, цы зæгъа, ууыл, фæлæ йыл Хыдыры хин æрцыд. — Чызгимæ ныхас кодтай? — Нæ. Фæлæ мах уæддæр ирæттæ стæм. Мад æмæ фыды разæй чызгмæ дзурын аив нæу. — Уый дæр раст у. Æз дæу... Ницæуыл дæ фæхъыг кæндзынæн, Хыдыр. Мæ чызджы, кæмæн мæ фæнда, уы- мæн дæттын. Стæй йæ мады дæр кæд сфæндид. Арæх фæдзуры, тæхуды, иу Хыдыры хуызæн хицон, дам, кæ- мæн ис... — Сергийæн ныридæгæн йе ’взаг йæ дзыхы нал арæхсти. — Цæй, кæд афтæ у, уæд ма амондджын хъуыдда- джы тыххæй фæйнæ! — Хыдыр агуывзæ бадардта Сер- гимæ. — Дæхæдæг ракув. — Нæ, сиахсыл не ’мбæлы йæ каисы разæй кувын, — цыма хъуыддаг арæзт уыд, уыйау ныфсджынæй загъта Хыдыр. Уæдæй фæстæмæ хъуыддаг рæвдз ацыд. Суанг ма, чындзæхсæв фæззæджы кæй уыдзæн, ууыл дæр бадзырд- той... 105
* * 4 Скъолнйы лалы Оадынц Рутси æмæ Сардн. Рутеи, йа- разы цы бандон ис, уый æнцойгæнæнмæ йæ рæмбыны- къæдзтæ æруагъта. Йе ’рмттыл нæ сæр æр.æвæрдта æмæ цыма æндзыг баци, уыйау кæсы сценæмæ. Аивадон къорд бæрæгбонмæ цæттæ кæны концерт. Залы къуымтæ ри- зынц. Дæсæм къласы ахуыргæнинаг Хæрзойты Ирæйы æнгуылдзтæ рог тæлфынц фæндыры амонæнтыл. Сарди- йыл æхцонæй узæлы музыкæ. — Æвæдза, хорз цæгъды, нæ? — Чи? — Цыма фынæйæ фехъал, уыйау афарста Ру- тен. — Ирæйæ зæгъын. Рутен æм дзуаппы бæсты йæ къух бадардта. — Арфæ дын кæнын. — Цæй тыххæй? — фæджихау Сарди. — Ахæм булæмæргъ кæй æрцахстай, уый тыххæй. Сарди фергъуыйау. — Дæ зонд ахордтай, лæппу, æви ферра дæ? — Мæсты ма кæн. Мæ зонд хæргæ нæ акодтон, фæ- лæ мын æй уæлæ уыцы булæмæргъ аскъæфта, — аца- мыдта Катямæ. Сарди йæм бæстон бакаст. Уæддæр æй не ’мбæрста. — Искуы анызтай ацы изæр? Дæхи хуызæн нæ дæ. — Арæбын, цæмæй нæ дæн мæхи хуызæн. Катяйы хабар дæ нырмæ æмбæхстон, ныр дын æй æргом зæ- гъын. Гъай-гъай, нæ хъуыддаг афтæ у. — Иæ дыууæ æп- гуылдзы кæрæдзимæ æнгом балхъывта. Сардийæн уыцы дыууæйæ хæлардæр ничи ис скъола- йы æмæ уарзæттæ кæй сты, уый йын æхсызгоп уыд. — Фæлæ дæхион æвзæрдæр нæу! — Сардимæ ком- коммæ бакæсгæйæ, загъта Рутен. —,Кæй мын ссардтай? — Чи йæ ссардта, уымæн хæлар уæд, фæлæ Ирæйы кой кæнын. 106
- Рутеи, худииаг дæм пæ кæсы, ахуыргæнæг æма; пæ ахуыргæнипаджы тыххæй афтæ дзурын? Ахуыры ха- |'тады гæс куы дæ? — Рамæсты Сарди. — Цæй, цы ’фсæрмы кæиыс? Ды йæ куы ^’зедтай, уæд æп не скъолайы ахуыргæнпнаг дæр нæ фепхъæлдтаис. Ныр æй пугæр бауарзтай, уæд та зæрдæйæ зын ато- пæн у. — Рутеп, — загъта æтдæгæй Сарди, — æз ахæм ны- хæстæ æндæр искæмæй куы фехъуыстаин, уæд ын нæ ныббарстанн, фæлæ мын демæ уый нæ .рæзы... — Дзæгъæлы мæм хæрам кæныс. Æз ацы хабар фе- хъуыстон мæхи мадæй. Доны цур, дам, æн дзырдтоп устытæ. Мæнæн хъыг уыд. Уырнгæ дæр мæ нæ кодта... Кæмæй йæ фехъуыста, уый мын нæ загъта... — Æз бафæрсдзынæн дæ мады, — сдзырдта Сарди. — Мæ мад мын æй загъта стыр фæдзæхстæй. Дæ- уæн та хъæр дæр ницы скæндзæн. Æз мæ мады хорз зо- нын. Фæлтау уал дæхи афтæ дар, цыма ницы зоныс. Гæппæй дугъ нæй. — Ссарын хъæуы, хъуыддаг кæцæй .райдыдта, уый. Æцæгæй кæй уарзын, уый йæ куы фехъуса, уæд та? Æниу æм сдзурын дæр куынæ уæндыд... — Басагъæс кодта Сарди. — Чи у уыцы æнæхайыры булæмæргъ, сдзурын дæр кæмæ нæ уæндыс? — Мæ фысымты чызг Аминæт... — Аминæт?! — Рутен йæ дæллаг был ахсынæгау код- та. — Мæ хæлар дæ, æмæ дын хъуамæ комкоммæ зæ- гъон: æгæр хиуарзон у. Æхсæнадæй йæхи иуварс ласы. Иæ фыды миниуджытæй йæм ис. Уымæй йæм алцыдæр хорз кæсы. Дæ размæ нæм цы Галя куыста, уымæй уæз- дандæр æмæ хуыздæр адæймаг зын зæгъæн у, фæлæ йыл Серги тугтæ æрымысыд. Аминæт хъуыддаг æмбæрста, фæлæ йæ фыдæн макæ нæ загъта. Æгæрыстæмæй ма йæхи дæр атигъ кодта, хойы зæрдæ йæм чи дардта, уыцы чызгыл. Уæд уый лидзинаг фæцис... — Афтæ ма 107
’нхъæл, æз Аминæтмæ фыд-зæрдæ дæп. Мæн дæуæй ныфс ис. Кæд æй æцæг уарзыс, уæд фæстæмæ мауал æргъæв хъуыддаг. Æз дæр цыдæр ахæм хатын, цыма дæ уарзы... Æрдзур ын. Уарзондзинад бирæты рараст кæны. — Куыд уæ зæрдæмæ фæцыд ацы кафт? — Сæ ныхас сын фескъуыдта Катяйы фарст. Лæппутæй кафтмæ иу дæр нæ касти — бынтон сæ айрох. Тынг фæтыхстысты. — Иу хатт ма йæ куы акафиккой. — Æрæджиау фæ- царæхсти Рутен. Сценæмæ та ногæй рацыдысты скъола- дзау чызджытæ æмæ лæппутæ. Зæрдæ рухс кодта сæ уынд, се змæлдæй. — Еныр; бирæ хуыздæр акафыдысты, — Рутен бакаст Сардимæ. Сарди та æрхæндæгæй бадт. Нæ фехъуыста Рутены ныхас. * * * Чидæр дуар æрбахоста. Сардийы хъуыдытæ фæпырх сты. — Мидæмæ, — адзырдта йæм æмæ æхгæд чиныг йæ размæ æрбакодта. ÆрОацыд Аминæт. Иæ къухы — къус. Уæлейæ йыл газет æмбæрзт. — Сарди, куыд æнцад бадыс?—Аминæты цæстæнга- сыл мидбылхудт ахъазыд. — Цæуылдæрты сагъæс кæнын. — Сардийы бæргæ фæндыд, куы йæ фергомдæр кодтаид, йæ сагъæс цы у, уый, фæлæ йе ’взаг андзыггонд... Аминæт дæр йæ ныхас фæзылдта: — Мæ мад цæрвæхсидæн скодта... — æмæ къус стъо- лыл æрæвæрдта. —^ Кæдæм æй хастай? Нырма ныртæккæ бахордтон. — Зæгъын дын кæд стонг у, — хинæйдзаг худт ба- кодта Аминæт. 108
— Худинаг у... Цæй, уæд та ды дæр сбад, — бахатыд æм Сарди. — Сбаддзынæн, фæлæ цалынмæ бахæрай, уæдмæ иу дзырд дæр ма скæн. Æз дæр нæ дзурын. — Æрбадт æмæ чиныгмæ кæсын райдыдта. — Уанцон нæу. Æз хæргæ кæнон, ды та мæм кæсгæ кæнай, уæд мæ хæрд дæуæн /кæндзæн æххуыс? — Уымæн ницы у. Æз дзы иу къусыл арсы зарæг скодтои. Стæй уал æз чиныг кæсдзынæн. — Уæд та йæ фæстæдæр... — Цæй, кæд афтæ тыхсыс, уæд ацæудзынæн. Аминæт сыстад. Æцæгæй куы ацæуа, уый тæсæй Сар- ди райдыдта хæрын. Иучысыл куы ахордта, уæд лæгъз- тæгъуызæй сдзырдта: — Цæй ныр мын бар радт æмæ йæ .райсоммæ уадзон. Фелгъæд дæн. — Æвæццæгæн дæ зæрдæмæ нæ фæцыд? — Тынг хорз у, фæлæ дзы царв æгæр бирæ ис. — Ацы нæлхæ <нын айразмæ Хыдыры мад æрырвыс- та æмæ фæтуагдзæф. Чи зоны уымæн нæ цæуы дæ зæр- дæмæ? Хыдыры коймæ Са.рдийы зæрдæ адæнгæл. Цыма кал- мы сой уыд йæ разы, уый каст ма бакодта йæ къус- мæ. — Арæх нын æрхæссы Хыдыр цыхт, ца.рв кæнæ æндæр исты хуынтæ. Хъæздыг цæрынц. Иæ мад хорз ус у. — Æмæ йæхæдæг цы мæгуырау у? — мæстыгъуызæй сдзырдта Сарди. Цæмæй йын Аминæт йæ тызмæг æнгас ма федтаид, уый тыххæй иннæрдæм азылд. — Йæхицæй дæр ын æвзæр куынæ зæгъын... Сарди ницы сдзырдта. Ныртæккæ Аминæт куы ацæ- уид æмæ уыцы Хыдыры кой куынæуал кæнид, уый йæ фæндыд. Уæддæр ахæм ныхæсты фæстæ йæ сагъæстæ раргом ка^нын йæ бон нал бауыдзæн. Æниу ма цы пай- да у сæ раргом кæнын дæр! «Уарзыс æй æмæ дзы æп- * юс
пæлыс. Фæлæ уыцы ’ппæлдæй мæи та судзгæ кæныс. О, о, судзгæ»... — Хыдыр дæ фæхъаст кæыы! — сдзыодта та Аминæт. — Æмæ йын цы кæнын? — бустæгъуызæй йæ бафарс- та: — Уыцы турниктæ, едты тыххæй. Уыдон, дам, мæнмæ хауынц æмæ... Æниу дæ цæмæн хъуыдысты? — Æмæ йын сæ чи исы? — Раст дæ, фæлæ дын æз тæригъæд кæнын. — Цæмæн? — Дæхи æнæхъуаджы фæлмæцын кæныс. Хъæууон сывæллæтты цæй спорт хъæуы. Бакусæнт æмæ уый се спорт. Исты мын горæты куынæ схъомыл сты... «Ай йæ фыдæй фæстæзаддæр куы у, — ахъуыды код- та Сарди, — фæлæ йæ мæ зæрдæ уæддæр нæ фауы. Æниу цы? Нырма æвзонг у. Чизоны йæхи хъуыдытæ не сты, уæд аивид... Фæлæ та уыцы цæхæра, сындзы къу- тæрау сæвзæрд мæ разы», — сагъæс кодта Сарди. Дзæвгар ма фæбадт Аминæт. Дзырдта Хыдыры тых- хæи, æппæлыд йæ мад, йæ фыдæй. Цыдæр барджыи æф- хæрд кодта Сардийы, сывæллæттимæ æгæр кæй фæлла- йы, уый тыххæй. Сарди бадт æнцад æмæ йæм хъуыста. Æхсызгон ын уыд, Аминæт Ирæйы кой кæй не скодта, уый, фæлæ маст кодта, нырмæ дызæрдыг кæуыл кодта, уыцы хъуыддаг æм ныр æцæг кæй кæсы, ууыл. Ницы дзуры, уымæн æмæ сæм Аминæтимæ ахæм ныхас никуы- ма æрхауд. Уыцы æхсæв хъавыд æмæ гъа!.. Искуы-иу куы бадтысты, уæд Аминæт кодта сæ хъæуы фæсивæды кой: чи дзы æнæ чындзæхсæвæй кæимæдæр афардæг, чи> ахуыргонд уæвгæйæ, æнæахуыргонд ус ракуырдта, чи астæуккаг скъолайы фæстæ фермæмæ бацыд... æ.мæ сæ чи фæнымайдзæн? Аминæт се ’гасыл дæр худт æнæ- рхъуь^дыйæ. Æппынæр-æджиау Аминæт дæр схъыг йæхи ныхасæй æмæ ацыд æрхæндæггъуызæй. Æвæццæгæн Сарди афтæ мадзура кæй уыд, уый йæм хъыг фæкаст. 110
* * * Серги, кæд-нозтджынæй искуы срæдыд Хыдыримæ сæ хъуыддаджы ныхасы тыххæй, уый йедтæмæ иу удгойма- гæн дæр ницы загъта. Куыдфæнды уæд, уæддæр кæцæй- дæр Аминæты хъустыл æрцыд. Фыццаг мæстæй адæн- гæл, стæй æрсабыр. «Уадз æмæ дзура. Уадз æмæ уал ныфсытæй йæхи хæсса»... Фæлæ ацы хъуыды бпрæйы фаг ие сси. Иугæр Серги æмæ Хыдыры ’хсæн ахæм ны- хас æрцыд æмæ сæ ахастытæ нæ февзæрдæр сты, уæд бæндæны иу кæрон фефты Хыдырмæ. Цы кæна? Чысыл саби нал у. Йæ цахъхъæнтæй би- рæтæн сывæллæттæ дæр ис, уый та нырмæ уарзты ад дæр нæ бавзæрста. Сардийы куы федта, уæдæй фæстæмæ йæ зæрдæйы цыдæр уæздан æнкъарæнтæ абузын -райдыдтой... Уар- зондзинад? Æмæ нырмæ кæм уыд? Æви кæд уарзт исчи æрхæссы æмæ йæ æндæоæн радты. Кæд æй Аминæтæн ничима æрхаста?.. Ныр æй, æвæццæгæн, Сарди æрхас- та æмæ... йæ уæлвæд Хыдыр... Нæ, нæ! Аминæт Сардийы хатт йæхи цур фефхæры, фæдзуры йæм. Уый та æнцад фæбады. Цы нысан кæны уый? Уыцы бон Сарди скъолайы афæстиат æмæ йæм Ами- нæты цæстытæ ныуурс сты. Иу уад æрбакодта. Сихор ахордта... Аминæт æрхъæцмæ нал лæууыд. Бацыд æм, фæлæ йыл къæсæрыл фембæлд Сарди, загъта йын: — Пуртийæ хъазынц фарастæм æмæ дæсæм кълæс- тæ. Кæд дæ фæнды, уæд сæм бакæс. — Тагъд æрбаздæхдзынæ? — Æрхæндæггъуызæй йæ афарста Аминæт. — Бæрæг нæу. Истæмæн дæ хъуыдтæн? — О... нæ, фæлæ... Ацу, мæн не ’вдæлы. Са-рди ацыд, фæлæ Аминæты ныры хуызæнæй никуы федта æмæ хъуыды кодта, цы йыл æрцыд, зæгъгæ. Аминæт ну чиныг йемæ айста дыргъдонмæ. Рафæл- дæхта дзы ’цалдæр сыфы, фæлæ кæсын йæ бон нæу. 11!
Зæрдæйы æндæр сагъæс домы æмæ дзуры: «Сæхгæн чи- ныг, æндæра ныртæккæ фæйнæрдæм фæрчытæ фæхау- дзынæн». Сæхгæдта йæ. Сыстад. Æрбадтис та. Чидæр кулдуар æрбахоста. Аминæт фестъæлфыд, зæгъгæ, кæд Сарди у, фæлæ уый хойгæ цæмæн кæны. Тагъд-тагъд рауад. Бакодта дуа.р. Чысыл æддæдæр лæууы Рутен. — Уый Рутен куы дæ. Æгас цу, — тыххудт бакодта Аминæт æмæ йын мидæмæ фæндаг радта. — Дæ бон хорз, Аминæт, — загъта Рутен. — Куыд иунæг дæ? — Уæдæ цы бакæнон? — Аминæт, иу хъуыддаджы тыххæй дæм æрбацыд- тæн æмæ мын дзуапп радт æнæхин митæй. — Зæгъ уал æй. — Хыдырæй минæвар дæн. — Дæ сæрмæ та куыд бахастай ахæм хъуыддаг? — Лæг дæ куы бахæсджын кæна, уæд дæ цы фæнды! Æнхъæл дæн, дæ фыдæй дæр ын бар лæвæрд ис, — загъ- та Рутен, йæхинымæры та дзырдта: «Мæн дæр дæ фыд рарвыста, фæлæ мын ныффæдзæхста, мæнæй дам-иу ма- цы зæгъ». — Уæдæ ацу, æмæ йын зæгъ, дæ фын, дам, дæ фæ- сайдта. Мæнæн, зæгъ, агуырд у. — Чи у? — Хинæйдзаг фарст æй акодта, цыма ницы зоны. Сергийæн разы дæр фыддæр уымæн сси, цæмæй Аминæты хъуыды базона, кæддæра Хыдырырдæм цы зæрдæ дары. — Фæстæдæр æй фехъусдзынæ. — Уæдæ ууыл фестæм? — Фестæм. — Цæй хорз! — Цингæнгæ рацыд Рутеи. «Акæс-ма, дæ хорзæхæй! Цас цæрын æмæ нырма адæймаджы хъуыды йæ цæстæнгасæй пæ базонын... Хы- ды.р-йу мæм уыцы тæригъæддаггъуызæй куы ныккаст, уæд æнхъæлдтон, æндæр нæ хаты. Фæнды мæ фыды дæр. Фæнды йæ æнæмæнг. Ацы фæстаг рæстæджы уæлдай 1121
хæлардæр сты. Фæлæ дзы ницы рауайдзæн», — хъуыды кодта Аминæт, Рутен куы ацыд, уæд. Иæ зæрдæ суын- гæг. Иæ цæнгтæ кæрæдзийыл тыхтæй стъолмæ æруагъта æмæ сыл йæ сæр æрæвæрдта. Сарди райгондæй баззад фарастæм æмæ дæсæм кълæсты хъазтæй. Хъазт рамбылдта хистæр кълас, фæ- лæ цымыдисаг уый уыд æмæ дыууæтæ дæр хъазыдысты тынг зæрдиагæй. Сарди хæдзармæ хъæлдзæгæй цыд. Рутены ма цæстæнгасæй ацагуырдта. Фæлæ уымæн йæ кой нал фæзынд... Кæртмæ куы бахызт, уæд цæхæрадоны стъолыл сæр- хаудæй ауыдта Аминæты. Иæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп код- та. Уый афтæ æнхъæлдта, фынæй бацис æмæ йæ къахы фындзтыл сындæг ацыд уыцырдæм. Аминæт къæхты хъæр куы айхъуыста, уæд йæ сæрыл схæцыд. — Аминæт, цы кодтай? ( —Бабайы нæ федтай? — Иæ хæларимæ сæн нуазынмæ ацыд. — Цæй хæла.римæ? — Хыдыримæ. Хыдыры коймæ Аминæт фыццаг афæлурс, стæй асырх. — Цы кæныс, Аминæт? Æрдæбон ма дзæбæх куы уыдтæ, — йæ фарсмæ æрбадт. — Ды ма мын уæддæр исты бацамон, Сарди, — йæ цæнгтæ та æруагъта стъолмæ. — Ницы дын æмбарын, цы кæныс, уымæн, — сæргъи- ау Сарди. — Ницы мын æмбарыс?.. — Иæ сæр систа Аминæт æмæ йæ цæстытæ æрхæндæг æр,ттывд фæкодтой. — Ницы мын æмбарыс, уый раст у, —дзырдта дарддæр.—Æз ын мæхæдæг дæр ницы ’мбарын. Кæсыс, ныр мыл дыууын фондз азы цæуы æмæ нырма цардæн иицы хатын. Адæймаджы цæстæнгасыл йæ зæрдæйы уаг рахатыи мæ бон нæу? Цæмæн? Адæмæй мæхи иу- варс ласын. Мæ зæрдæмæ сын нæ исын сæ ахастытæ. 8. Къæбысты 3. 113
Æмæ сымах та! Ме ’мбæлттæ... Æниу уæ цы хæрам кæнын?! Мæ хорз-иу уæ кæй фæндыд, уыдонмæ дæр-иу мæсты кодтоп... Афтæ мæм кæсы, цыма æппæт дæр æмба-рын байдыдтон. —Сарди, цы дзуапп радта, уый нал зыдта. — Абон мæм уыцы Цæхæра хатæг æрбарвыста. Уый- иу мæм уыцы æдзынæг куы ныккаст, уæд æнхъæлд- тон, — æидæр кæсын пæ зоны. Йемæ ныхас кодтон зæр- диагæй, нæ йын хатыдтон йæ сусæг фæндтæ. — Хыдыр дæм бынтон æнæныфсæй не ’рбарвыстаид. Куыд дæ фæнды, афтæ мæ ’мбар. Фыццаг дæ куы фед- тон, уæдæй фæстæмæ дæ мæ уд баззад. Дæ фæлмæн мидбылхудт мын байста ме ’нцойад. Æз бирæ хæттыты хъавыдтæп ацы дзырдтæ зæгъынмæ, фæлæ та-иу мæ разы цæлхдурау февзæрд Хыдыр. Æз раджы бамбæр- стон, Хыдыр дæ курынмæ кæй хъавы, уый. Дæ мад æмæ дæ фыд дæр разы кæй сты, уый дæр базыдтон, фæлæ дæуæн уыцы фæндыл сразыйы æнхъæл никуы уыдтæ.н, цалынмæ дзы мæхи цур æппæлыдтæ, уæдмæ... — Са.рди! Фыны дæн, æви цытæ хъусын?.. — чызджы зæрдæ ауазал ис... Сарди æваст пæ риумæ æрбалхъывта Аминæты сæр: — Зæгъ æрмæст иу дзырд æмæ фынддæс Хыдыры куы ’рцæуой, уæддæр дæ никæмæн ратдзынæн. Сарди æмæ Аминæт афтæ æнхъæлынц, цыма сæ дыууæйæ амондджындæр зæххыл ничиуал ис. Фæлæ уæртæ Сергийы расыг цæстытæ тызмæг каст ныккод- той чыз! æмæ лæппумæ. Уый сын нырмæ дæр хатыд сæ уавæр — кæрæдзпмæ сæ цыдæр уæлмонц æнкъарæп кæн ласы, фæлæ сæ уый æнхъæл та кæм уыд! Бакодта’ кæрты дуар. Уæззаугай сæм бараст. Уыцы тызмæг уыд йæ цæсгом. Сарди йæ ауыдта. Фестъæлфыд. Ами- ыæт (дæр йæ хуыз аныхъуырдта æмæ сæ иувæрсты хæ- дзармæ алыгъд. Сергп уæддæр лæууы æмæ æдзынæг кæсы Сардимæ. Фырмæстæй цы зæгъа æмæ куыд са- раза, уый иал зоны. 114
Сардийæн уыцы сур, уазал цæстæнгас йе уæнгтæ сæлвæста. Серги йæ ныхмæ стъолыл æрбадт. — Гъы, дзæгъæлкъах, мæ чызджы сæр дæр та мын, куыройау, разилын кодтай, нæ? — йæ дæндæгты ’хсæнæй ралæмæрста Серги. — Дæу куы фæрсын, æви де ’взаг аныхъуырдтай? Зæгъ-ма, ардæм кусынмæ æрцыдтæ, æви скъола змæнтынмæ? — Фыццаг кæй загътай, уымæ, — йæхи фæфидар кодта Са.рди. — Уæдæ мæ хъуыддæгты цы дæ фындз тъыссыс? Цæ- мæн мын сæ хæццæ кæныс? Иннæрдыгæй та мын мæ чызджы амонд цæмæн сафыс? Цæмæп æй æнамонд кæ- пыс? — Дæ фыццаг фарст хауы куыстмæ, скъолайы цард- мæ. Дыккаг та... — Сарди иучысыл йæ ныхас фæурæдта, стæй та уæззаугай сдзырдта: — Фæлæ сæ дыууæ дæ,р мæнæн сты æмхуызон ахсджнаг. Сæ иуы дæр нæ ныма- йын уæлдайагыл. Сæ йу мын æнæ иннæ ад не скæндзæн. Скъолайы де ’вастæй цы сарæзтон, уымæй æвзæр ницы ис — хуыздæрæрдæм ыл куы зыны?!. Фарастæм къласы чызджыты æмæ лæппуты иумæ> кæй сбадын кодтон, уый дæуæн хъыг уыд, афтæмæй фæхуыздæр сæ ахуыр. Сы- вæллæттæ спорт кæй бауарзтой, уый дæр бамбæхсинаг нæу... Дæ дыккаг фарста... уымæн дзуапп дæттын мæм аив нæ кæсы. Фæлæ æндæр гæнæн кæй. Мах уарзæм кæ- рæдзи. Нæ дзырд сиу кодтам... — Цалимæ дзы иу кæныс, лæппу, дæ дзырд, уый ма мын зæгъ? — Æрмæст иуимæ, æмæ уый у дæ чызг. — Мæ чызг æндæримæ фчдыд у... — Æз æн тыхæй нæ курын, скъæфгæ йæ нæ кæнын... — Æгъгъæд! Тæккæ райсом ацу мæ хæдзарæй. Ныр- ма уал —афтæ. Стæй дæ цы дзурынц, уый æцæг куы разыпа, уæд фесæфдзыиæ ме скъолайæ дæр æмæ дæ цæрæнбонты къласы къæсæрæй дæр нал бахиздзынæ... Сергийыл фырмæстæй йæ нозт тынгдæр æртæфсти. Фес- П5.
тад æмæ лæбурæджы цыд акодта сæ хæдзармæ. Сарди ма дзæвгар фæбадт уыцы ран, йæ сæры зилдух кодтой алыхуызон сагъæстæ... * * * Хæрзойтæ цæрынц Сергиты тæккæ фарсмæ, фæлæ сæм сыхæгты миниуджытæй ницы ис. Серги уый куы фехъусы, искуы, Хæрзойтæн сæ кæрчытæй кæцыдæр фæд-фæдыл цалдæр айчы æрæфтыдта, уæддæр ын йæ тъæнгтæ ацæгъдæгау кæны æмæ Нафимæ тызмæг, азым- гæнæджы цæстæй фæкæсы. Нафи йæ чызг Ирæйæн фæндыр куы балхæдта, уæд Серги сæ кæрты хъæоæп дзырдта, Хæрзойтæм дæр куыд хъуыстаид, афтæ: — Уый бæсты йæ чызджы рохтыл фидар куы ’рхæцид æмæ йын чъизи хъуыддæгтæм фæндаг куынал айгæр- ДИД... Нафи æцæг фехъуыста ацы ныхæстæ æмæ йын хъыг уыдысты, фæлæ ницы сдзырдта. «Æвзæр сыхаджимæ хъæуы цæрын, æндæра хорзимæ бирæгътæ дæр фæцæр- дзысты», — афтæ-иу фæкодта. Æниу Ирæ уæд фæндзæм къласмæ цыди æмæ йын цæй рохтыл хæцыны афон уыд. Нафийæн йæ сывæллæттæ ахуырæй дæр æмæ æгъ- дауæй дæр æнæхъæн хъæуы цæвиттоинаг уыдысты. Уый маст уыд Сергийæн. Истæмæй сæ бафхæрыныл никуы фæфæстиат уаид, фæлæ куыд? Ирæ чингуытæ бирæ кæй касти, уый Сарди уайтагъд фæхатыдта. Иу хатт сæм къласы æрхаудта кой, алы адæймаг дæр йæхицæн библиотекæ куыд хъуамæ араза, уый тыххæй. Сарди сын радзырдта, йæхимæ цы чингуы- тæ уыдис, уый тыххæй. — Ам дын сты? — æфсæрмгъуызæй йæ бафарста Ирæ. — Ам дæр дзы цыдæртæ ис, — цыбыр дзуапп радта Сарди. — Айеды дæм иу роман «Сау уардитæ» федтон æмæ 116
иæ куы бакæсин. Кæд гæнæн нс, уæд мæм æп куы авæ- рис? — Цæуылнæ, Ирæ, чингуытæ кæсыны тыххæй не сты?.. — Сарди скъоладзаутыл йæ цæст ахаста, — кæй уæ хъæуы, уый-иу æрбацæуæд, табуафси. Изæры Ирæ бацыд Сардимæ, баййæфта йæ хуылыдз хæцъилæй пъол сæрфгæ. Ирæ фыццаг фефсæрм, стæй райста хæцъил æмæ ныссæ-рфта пъол. Чысыл фæстæдæр рахаста чиныг æмæ рацыд. Серги йæ уырдыгæй рацæугæ федта, йæ фæдыл акаст тызмæггъуызæй, стæй йæхинымæры сдзырдта: «Гъа-гъа! Иу æхстæй дыууæ тæрхъусы фæцæфгæнæн ис ам»... Аминæт Сардимæ арæх кæй бауай-бауай кодта, уый дæр афоныл фæхатыдта. Стæй сыл Хыдыр дæр фæды- зæрдыг. Сергийæн æй загъта. Ныр Серги дæр сфæнд кодта йæ ус Ыинæйы хъусты бацæгъдын: «Сарди Ир.æ- йы уарзы, Ирæ йæм хæдзармæ дæр бауайы. Кæддæр сæ скъолайы кæрты талынджы дæр фендæуыд». Раст уыцы изæр Рутены мад Нинæйы дзыхæй фе- хъуыста ацы æбуалгъ ми. Уымæй Серги хъавыд, иуæр- дыгæй, йæ сæрыстыр сыхаджы фелхыскъ кæнын. Уæдæ дзы рох нæ уыд Сарди дæр. Ох, куыд нæ йæ уарзы Серги! «Иууыл йæхи дзырд кæны, ард дзы рабыра, æмæ ноджы цæй рæвдз рацæуынц йæ хъуыддæгта?! Акæсæд- ма исчи уыцы фарастæм къласмæ. Цыма къæссавæл- дæхт фесты! Науæд уыцы дзæгъæйлаг спортыл куыд сбукъ сты!.. Зæгъын сæ исчи йæ ахуыр кæнæ йæ уаг февзæрдæр кæндзæн, фæлæ марадз зæгъ! «Сергийы фы- дæнæн цыма фæрæвдздæр сты, афтæ йæм кæсы. «Уæдæ ныр куыд? Ома аирвæздзæн? Нæ, ацы хъуыд- даг хъуамæ ахæлиу уа хъæуыл, уый фæстæ Сарди бар- æнæбары йæхæдæг лидздзæнис. Аминæт та Хыдырæй смой кæндзæн...» Нинæ доры цур Сарди æмæ Ирæйы кой куы кодта, уæд æм хъуыстой Рутены мад æмæ ма иу æндæр ус. 117
Уумæй ницы ныфсæвæрæи уыд, йæ цу.ры лæг куы амар. даид, уæддæр æй йæ къахы бынмæ дæр никуы ныдздзур- дзæн. О, фæлæ Рутены мад! Уый ныхас фехъусæд, уый йедтæмæ йæ уайтагъд айтауы. Фæлæ уымæн та йæ лæп- пу фидарæй ныффæдзæхста, мæнæй дарддæр, дам, æй макæмæн уал зæгъ. Афтæмæй хъуыддаг, æртхутæджы бын нуæрст зынгау, нымæгæй баззад. Æгæрыстæмæй йæ Аминæт дæр нæ фехъуыста, æндæра Сардийæн куыннæ исты загътаид. Серги никуыцæй ма ницы æрæхъуыста, фæлæ уæд- дæр æнхъæлдта, зæгъгæ, хъуыддаг йæхицæн фæндаг кæндзæн. Фарастæм æмæ дæсæм кълæстæ пуртийæ куы хъазыдысты, уæд Серги Хыдырмæ фæдзырдта: — Ме сиахсгонд, уæ.ртæ ма иу дыууæ авджы демæ райс æмæ дæ фатермæ бауайæм. Чысыл мæ демæ хъуыддаг ис. Хыдыр дыууæйы бæсты рахаста фондз авджы. — Ды раст дзырдтай, Хыдыр. Аминæт ацы фæстаг рæстæджы уыцы лæппуимæ æгæр сбæндæн ис. Фæлæ цыма Ирæйы уарзы, æхсæвыгæтты дæр арæх æмбæлынц, ахæм хъуыддаг сæ ахæлиу кодтон хъæуыл. Ныр æй мах анонимкæйы фæрцы фехъусын кæнæм раирухсады хл- йадмæ æмæ йæ фæцъипп ласой. Хыдыр фæхъуыды кодта, стæй бахъæлдзæггъуызи. — Уый дæр хорз! Æцæг Галинæйы дæр раст ахæм дам-думы фæрцы фæсырдтан æмæ, гæнæн ис, исчи фæ- дызæрдыг уа... — Уый мæт ма кæн. Галипæйы хабар дзæбæх ферох кæн. Ацы хъуыддаг та апырхн устыты ’хсæп. Æмæ уыдоп- мæ цы хъуыддаг æрхауа, уымæн та йæ райдпан фæлтæрд фæдагурæг дæр не ссардзæн. Хыдыр ахуыр у мæнг гæххæттытæ аразыныл, йæ къух алырдæм дæр тасы. Сбадтысты æмæ ныффыстой дæргъ- вæтин анонимкæ. Иу каст ма йæ бакодтоп. Сæ зæрдæ дзы барухс, конверты йæ нывæрдтой, стæй та райдыдтой рæгъытæ кæнын. 118
Тыпг хорз зæрдæйыл уыд Серги уыцы изæр, фæлæ Лминæт æмæ Сардийы кæрæдзипыл тыхстæй куы бай- пæфта, уæд тыпг бамæсты. Хъуыр-хъуыргæпгæ бацыд хæдзармæ, сынтæгыл пыххаудта æмæ уайтагъд афынæй. Сарди йæ фатсры фæбадт æрхæпдæгæй, стæп рацыд кæртмæ. Уым фембæлд Амииæтыл тынг æпкъардæн. Йæ цæстытæ допы зылдысты. — Дæ фыд цы фæцис? — бафарста йæ Сарди. — Ныххуыссыд. Мæп тыххæй дæм маст æрхаудта. — Тæрсгæ ма кæн, Аминæт, æз дæ æфхæрын нæ ба- уадздзыпæи. Фæлæ мæ дæ фыд æрвиты ардыгæй. Уый хуыздæр у. Æз цæуын ньгртæккæ Рутентæ-м. Æнхъæл дæн, иу цъус уал мæ семæ цæрып бауадздзысты. Ахсæв ахæсдзынæн мæ дзаумæттæ дæр. — Тæрсгæ кæнын, Сардп... — Амипæт пæхп тыпгдæр балхъывта Сардийы риумæ. — Æмвæнд куы уæм, уæд иыл нæ фæтых уыдзысты... Рутепæп æхсызгоп уыд Сардийы æрбацыд. — Хъусыс? Афтæ мæм кæсы, цыма иубопы дам-дум Хыдыр æмæ Ссргийæ рацыд. Нырма йæ мæ мады педтæ- мæ ничи зопы. Æз райсом скъолайы, стæй хъæуы дæр чысылтæ фехъусын кæпдзыпæп, уæ дыууæ Амппæт кæ- рæдзппæп дзырд кæй радтат. Æмæ иппæ дам-думтæн сæ фæндаг æрæхгæндзыстæм. Уыцы ’хсæв Сарди пæ дзаумæттæ Рутентæм рахаста. * * * — Чызг, дæ мад пæма æрмæрддаг йæ цæгатæй? — Рансом куы ранхъал, уæд Ссрги бафарста Аминæты. Æхсæвы хъуыддæгтæй ма йæ зæрдыл лæууыд, æрмæст Хыдыримæ пы дæргъвæтип апопимкæ пыффыстой рап- рухсадмæ, уый. Ноджы ма цыдæр æбæрæг пывтæ уад пæ цæстытыл, фæлæ цьт, уый бæстон пал хъуыдьт кæпы. Йæ зæрдыл ма дзæбæх лæууы, знон Рутены у\минæтмæ ха- 110
тæг кæй æрбарвыста, уый дæр. Дысон цыма йæ къухы нал бафтыд Рутены фенын. Чи зоны йæ уынгæ дæр фæ- кодта; ницыуал ын хъуыды кæны. Ныр æй фæнды Ами- нæты дзыхæй исты бæрæг фехъусын. Фæлæ уый къулы- рдæм азылд, ницы дзуапп радта. — Дæу куы фæрсыи, чызг, дæ мад нæма ’рцыд? — Уæд æй нæ уыпис?.. — бустæгъуызæй сдзырдта Аминæт. — Æмæ мыл бустæ та цы кæныс? — Уый дæхæдæг хъуамæ зонис... — Цыдæр дыл æрцыд, мæ чызг. Дæхи хуызæн нал дæ, — фæлмæндæр хъæлæсæй дзырдта Серги. — Фыды зæрдæйæ дæ хай куыднæ фæци, уый мæм диссаг кæсы,,— йæ маст нал баурæдта Аминæт. — Дæхи удæн пайдайы хъуыды дын дæ риуæй фæсырдта æппат рухс æнкъарæнтæ. Мæнæн дæр ма мæ зондæй фæхауын кодтай æхсæнадон хъуыдытæ. Ныр мæ хъуамæ уыцы цæ- хæрайыл ныббæттай. Хатæг дæр мæм дæ ныфсæй æрбар выста. Æвæццæгæн, цæрæнбонты дæ фидар дзæмбыйы бын кæй дарыс,, уыцы коммæгæс чызг мæ фæндыл дыууæ нæ зæгъдзæн... — Чызг, æгæр мæм кæй суæндыдтæ, уый дæхæдæг нæ хатыс? — Серги сдзырдта тызмæгæй. — Мæ сывæллоп кæй дæ,, уый дæ ферох? Æз дын уый бар нæ ратдзынæи æмæ дæ ферох уа... Хыдырæп цы дзуапп радтай, уый ма мын зæгъ? — Бардзырды хуызы бафарста Серги. — Цы ’мбæлди, уый! Искуы ма мæм фæрсмæ дæр куы ’рбакæса, кæнæ ма нæ хæдзары къæсæрæй дæр куы ’рба- хиза, уæд йæ сæр пырх æрцæудзæн, — фидарæй дзьтдта Аминæт. Серги тызмæггъуызæй рабадт йæ хуыссæны. — Уыцы дзæгъæлкъах лæппу дæ цыма сæрра кодта?.. Фæлæууæд! Æз ын йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадын кæн- дзынæн. Ды та мæнмæ хъус. Кæйдæр къæхты хъæрмæ ма каф. Уый æгъæдзар у, хæтаг. Абон — ам, райсом — уым. Дæ намыс дын счъизи кæндзæн æмæ афардæг уыдзæн... 120
Хыдыр та кадджын бинонтæй рацыд. Фæллой кæм нæй, уым нæй æмуд цард. — Циу амонд, цард, пайда, уыдæттæн æз ницы ’мба- рын, иал дæр мæ хъæуынц, фæлæ уæ дыууæ Хыдыр фыц- цаг бонæй фæстæмæ уæ ныхтæ Сардийы кæй ныссагътат, уый рæстдзинад иæу. Цы нын сарæзта æвзæрæй,, уæлдай- дæр та не скъолайæн?.. — Не скъолайæн бирæ сарæзта æвзæрæй,, фæлæ дæ- уæн дæ цæстытыл фæлм абадын кодта йæ кæлæн æвза- гæй æмæ ницыуал уыныс, — йæ дзырд ын фескъуыдта Серги, — цас раст у, карчы цъиу йæ мады бæсты иннæ циъуты йæ дæлбазыр кæнынмæ куы хъава, уый. Æз ца- лынмæ директор дæн, уæдмæ ам хынджылæг кæныны бар никæмæн ратдзынæн. Стæй, æнхъæл дæн, Сарди йæ ахуыргæнинаг чызджытæм дæр... Фæлæ дзы мæхæдæг ницыма фæхатыдтон æмæ... — Дысон дæр ын ахæмтæ фæдзырдтай æмæ цæугæ дæр уымæн акодта. — Ацыд, кæдæм? — фæджихау Серги. — Уæлæ Рутентæм. Иæ дзаумæттæ дæр ахаста. — Уый хорз. Æгайтма йæ æрвыл уысм мæ цæст нал уыны... Уыцы бон Серги скъолайы уæлдай карздæр æвдыстг йæхи. Райсом уынджы Хыдыримæ чысыл цæуылдæр аны- хас кодта, æндæр никæмæ ницы сдзырдта. Сардийы цы- ма хъуыды дæр не ’ркодта, ахæм хуыз равдыста. Уый хыгъд ахуыргæнджытæ уæлдай хъæлдзæгдæр уыдысты уыцы бон. Рутен хъæрæй раарфæ кодта Сарди æмæ Аминæтæн, кæрæдзи кæй бамбæрстой æмæ сæ уар- зондзинад кæй сæргом ис,-уый тыххæй. Иннæтæй дæр быитон ног никæмæн уыд ацы хъуыддаг. Кæд сæ раздæр нæ уырныдта, уæддæр æй хатыдысты æмæ йыл æхсызго- пæй сæмбæлдысты. Хъыг нæ, фæлæ арвы цæфæй зындæр уыд уый Хы- дырæн. Дуармæ райста йæхи æмæ уыцы бон скъолайы тæфтыл нал ацыд. 121
Сарди æмæ Амипæт уæлдай хуыздæр кастысты уыцы бон кæрæдзимæ. Се ’мбæлттæ сæ куы мæстæй мардтой, уæд-иу æфсæрмы худт бакодтой, сæ кæрæдзимæ апвтæи æмæ сусæгæй бакæсгæйæ. Уыцы бопæй фæстæмæ сын скъолапæ дарддæр фсм- бæлыны фадат пал уыд. Аминæтæн-иу куыддæр йæ куыст фæци, афтæ-иу ын Серги цæстæй ацамыдта,, цæугæ хæ- дзармæ, зæгъгæ, Уый дæр-иу æвæндонæй ацыд. Скъола- йы алы бон кæй уыдтой кæрæдзн, уый сын фаг нæ уыд. Фæлæ пицы мæт кодтой. Бадзырдтой сæрды улæфтытæм багъæцæм, зæгъгæ, стæй кæд Серги нæ разы каэн-а, уæд, æнæ уый бафæрсгæйæ,, бацæрдзыстæм. Серги æмæ Хыдыр цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты сæ анонимкæмæ. Æгæр æрæгмæ кæй зынд райрухсады хайадæй исчи, ууыл-иу асагъæс кодтой, фæлæ та-иу сæ- хицæи ныфсытæ авæрдтой: «Ницы кæны. Абон уа, сом уа, исчи сæ фæзыидзæн... Æмæ уæд хъуамæ фервæзæм Сар- днйæ!.. * * * Цалдæр боны уарыд митхæццæ зæгъ. Фæпдæгтæ цъы- фы сæвдылдысты. Ахæм рæстæджы хъæуæй районмæ æмæ районæй хъæумæ цæуын стыр замана у. Уæддæр райрухсады Сергийæн баныфсæвæрдтой, мызд, дам-ю уын посты æрвитдзыстæм. Æппынфæстагмæ къæвда банцад. Рахур кодта. Фæп- дæгтæ чысыл асур сты. Иу бон скъолайы кæрты æрба- лæууыд æртæ лæджы. Серги дзы дыууæйы базыдта. Уы- доп уыдысты йæ хæлæрттæй — райрухсады ипспектор- тæ. Фæлæ чи у æртыккаг?.. Ацы бæрзоид, фидæрттæкопд лæг? Цыдæр хицаугъуыз ын ис. Серги йæ нæ зыдта, аф- тæмæй сæ размæ рацыд кæртмæ. Сæ къухтæ сын райста. Æнæзонгæ лæгмæ дызæрдыджы каст кæй кодта, уып пнспектортæй иу фæхатыдта æмæ чъызгæ сдзырдта: — Уый нæ ног хицау у, Серги. 122
— Цавæр хицау? — Хицау куыд вæййы, ахæм... Серги дурдзавдау фæлæууыд исдуг, стæй загъта: — Мидæмæ рацæут! Урок куы фæцис æмæ Сарди ахуыргæнджыты хатæн- мæ куы бацыд,, уæд къæсæргæрон сагъдау аззад. Исдуг пицымбарæджы каст кодта, стæй йæ цнны хъæр нал ба- урæдта: — Аслан, цы хур, цы къæвда дæ ’рбахаста?— Рауад æмæ фыццаг æнæзонгæйы къухыл ныххæцыд,, стæй иппæ- ты къухтæ дæр райста. Серги джихæй каст куы æнæзон- гæмæ, куы Сардимæ. Нæ йæ уырныдта, ахæм зонгæтæуон. Аслан йæ дыууæ армы нылхъывта Сардийы къух æмæ сдзырдта: — Ды ам кусыс,. уый куы фехъуыстон, уæд мæ зæрдæ пал фæлæууыд æмæ дæ абæрæг кодтон. — Æвæццæгæн нын нæ куыст басгарынмæ æрбацы- дыстут? — Уый дæр цæуылнæ, — сдзырдта Аслан. — Райрухсады хайады хистæрæп кусы, — аппæлыди ипструктортæй сæ иу. — Гъе, уый хъуыддаг у, гъе, — æхсызгонæй сдзырд- та Сарди. Аслан институты лекцитæ каст литературæйæ. Уыр- дыгæй дзæбæх зонгæ уыд Сардиимæ. Иæ хорз ахуыр æма: йе ’хсæнадоп куысты тыххæй йæ бирæ уарзта Аслан. .Бесойы куы систой йæ куыстæй æмæ йын йæ хъуыд- дæгтæм бæстои куы ’ркастысты, уæд рабæрæг Сергийыл дæр бирæ хъæпдзинæдтæ йæ куысты,, фæлæ йын сæ Бесо æмбæхста. Иууыл стырдæр хъæндзинадыл ын нымадтой, пæ ахуыргæпджыты ’хсæн хæлардзинады бæсты фыдæх кæй тауы, уый. Æрцæуæггаг ахуыргæнæг æм иу кæиæ дыууæ азæй фылдæр нæ лæууыд. Нæ фидыдта семæ. 06- ласты рухсады хайады дзырд уыд уый раивыныл дæр. фæлæ Аслан загъта, зæгъгæ мæ иугæр æрвитут, уæд æм мæ хъус дардзынæн. Бакæсæм æм ахуыры азы фæудмæ, 123
кæд ма йæм исты уабæрæг хъæнтæ уа, уæд æй раивдзыс- тæм. Аслан базыдта уыцы æнæном фыстæджы хабар. Раройы астæуккаг скъолайы физкультурæйы ахуыргæ- нæг Зæнджиаты Сарди, дам, тынг æвзæр дары йæхи скъоладзауты ’хсæн. Ахуыргæнинаг чызджыты, дам, ба- кæны йæхимæ æмæ сæ æрдæгæхсæвтæм нæ рауадзы. Дæсæм къласы ахуыргæнинаг Хæрзойты Ирæйæн та, дам, бынтон æнцой нал дæтты, баком, дам, мын. Уымæй уæлдай ма, дам„ йе ’мкусджыты æхсæн тауы хæрам æвзаг, кæрæдзиуыл сæ ардауы. Арахъдзуан, дам, кæны, сывæллæттæ, дам„ æй ласæгау бакæнынц йæ фатермæ... Æмæ ноджы бирæ цыдæртæ. Аслан дисы бахауд, Сардийы тыххæй ахæмтæ куы бакаст,, уæд. Нæ йæ бауырныдтой: «Æвæццæгæн та Серги уый дæр фæсурынмæ хъавы»... — æмæ сфæнд код- та Раройы скъола бабæрæг кæнын. Исдуг æй къæвдатæ бахъыгдардтой, фæлæ стæй рахур ис æмæ... Фæскуыст æмбырд сарæзта ахуыргæнджытæн. Фыц- цаг радзырдта йæхæдæг. Дзырдта ахуыргæнджыты ’хсæн хæлардзинадыл. Загъта, директор скъолайы астæумагъз кæй у, уый тыххæй дæр, хъуамæ йæм хъусой ахуыргæи- джытæ, уый та сын раст къухдариуæг кæна. Йæ ныхасы фылдæр кодта Сардийы кой, кæд, зæгъгæ, мæ фæстæ чи дзура, уыдон дæр йæ кой скæниккой. Йæ фæстæ радзырдта Серги. Йæ ныхæстæ иæ фæцы- дысты Асланы зæрдæмæ. Цавæрдæр зæронд методтæ æмæ куысты æууæлтыл дзырдта. Ракодта Сардийы кой дæр. Фыццаг дзы раппæлыд, стæй та йæ æфхæргæ ба- кодта. Никæмæ, дам, хъусы. Иæхи фæнд, дам, тæры. Змæнты, дам, бæстæ. Уый фæстæ ныхас йæхимæ райста Рутен. Дзырдта сабыр, аив æмæ хъуыддаджы фæдыл. Тынг раппæлыд Сардийæ. Йæ тыхыл, дам, нæ ауæрды. Иæ сæрибар рæс- тæг иууылдæр æрвиты ахуыргæнинæгтимæ уæлæмхас куысты. Сергийы цæстмæ бадардта, цардимæ æмдзугæ- 124
пæг æмæ куыстуарзаг адæймæгты йе скъолайы æрфи- дарьтл нæ, фæлæ сæ тагъддæр фервæзыныл кæй фæар- хайы. Бирæ чидæртæ ма раныхас кодтой. Уыдон дæр дзырд- той, Сарди æцæг ахуыргæнæг кæй у, уый тыххæй. Ныр Аслан гуырысхо нал кодта, уыцы æнæном фыс- тæг кæйдæр фыдæвзаг кæй у. Сыстад æмæ сын æй ба- каст. Йæ цæст аивæй дардта Сергимæ. Уый цыдæргъуы- зон нынныгъуылд йæ бынаты. Ныссау йæ цæсгом. — Куыд уæм кæсы, кæй фыст у ацы гæххæтты гæ- баз? — куы фæци каст, уæд бафарста Аслан. Исдуг ничи пицы дзырдта,, стæй та Рутен сыстад: — Ацы дам-дум æппæты фыццаг фехъуыстон мæ ма- дæй. — Кæмæй йæ фехъуыста, уый мын исдуг нæ хъæр кодта, стæй мын æй уæддæр загъта, Нинæ, дам, мып æй дзырдта. Нинæйæн таг дам,, Серги. Сергийæн та æх- хуыс кодтаид, мæнæ йæ чызджы кæмæн дæттынмæ хъа- выд, уый... — Дæ дзыхыл хæц! — фæхъæр ыл кодта Хыдыр, фæ- лæ иннæтæ куы схудтысты, уæд федтæдуар.. — Кæй нæ уарзай, уымæн, дам, йæ цæуын сæпп- сæпп, йæ хæрын цъæм-цъæм. Уæхи куыд фæнды, афта^ уæгъдидонæй уæ кæй нæ уадзын, уый тыххæй мыл мысут алцы хъылма. Фæлæ æнцонæй кæй стонат, ахæ.м бæлас нæ дæн, — мæстыйæ дзырдта Серги. Дзæвгар ма ахаста æмбырд. Уый фæстæ Серги уаз- джыты сæхимæ кодта, фæлæ Аслан нæ акуымдта. — Мæнæ мæ кæд ацы хорз адæм дæр иу æхсæв бавæ- риккои!.. — хъазæн хуызы загъта æмæ Сардиимæ Рутен- тæм ацыд... Иу къуырийы фæстæ Серги, Хыдыр æмæ Сардимæ фæсидтысты районмæ. Сергийы кæд директоры бынатæй систой, уæддæр æй рæнхъон ахуыргæнæгæй ныууагътой. Хыдырæн та бауынаффæ кодтой, æндæр бынат бацагур, зæгъгæ. Сарди та йе скъоламæ æрбаздæхти директорæй... 125
ФЫДБЫЛЫЗЫ ФÆНДАГЫЛ Сæрдыгоп райсом. Къæнеты хъæуы уыиджы адæм æмызмæлд кодтой. Сæ мæсты хъæлæба сæууон уæлдæфы æгомыг гуыв-гуыв кодта. «Чысыл бапхъусут, уæ рыитæ ахæрон! Ныртæккæ милицийы ардæм хъæуы æмæ хъуыд- дæгтæ куы схæццæ кæнæм, уæд фыдгæнæгæи йæ фæд фесæфдзæн, — адæмы сабыр кодта сæрдар, уалынджы хъæурæбынæй «Виллисы» уынæр æрбайхъуыст, йæ сæит хъыллист, карды цъыккау, дыууæ дихы фæкодта знæт адæмы. Адæмы уыйразмæ чи сабыр кодта, уыцы фидæрт- тæ конд лæджы цур фæлæууыд машинæ. — Хорз лæг, дæ хорзæхæй, ацамон нын, кæдæм цæ- уын хъæуы, уый, — машинæйæ рахызт милицийы хистæр фæдагурæг Мыртазты Михел. Колхозы сæрдар адæмыл йæ цæст ахаста, стæй сæргуыбырæй араст Михелы разæй. ...Дурæй конд уæладзыг хæдзар æвæрд у къулран. Фыццаг уæладзыджы фæстаг къул иууылдæр пыгъуылд у зæххы. Дыууæ фæрсаджы фæрсæй-фæрстæм лæууыпц зæххæй иу метр бæрзонддæр. Иуæн дзы йæ æвгтæ саст. Се згъæлæнтæ пырхытæй лæууынц зæххы æмæ фæрса- джы дæлвæйнæгыл, иу къæртт дзы у тугæйдзаг. Михел тугæйдзаг авджы цъæл йæ къухмæрзæпы стыхта æмæ йæ йæ хызыны нывæрдта. 126
Фæдагурæджы стыр бурбын куыдз фæрсаджы дæл- вæйнæгыл йæ раззаг къæхтæй æрлæууыд, фæстæгтæй пæхи фесхуыста æмæ Михелы разæй хæдзары смидæг. Михел дæр, æвзонг лæппуйау, мидæмæ рог багæпп код- та. Пъолыл дæргъæй лæууыдысты ацæргæ ус æмæ æвзонг лæг. Михел сæм æдзыпæг ныккаст. Уæдмæ бахызт сæрдар дæр. Æбуалгъ ныв уынгæйæ, сæрдары къухтæ рызтысты, йæ цæстытæ цыдæр æиахуыр æрттывд кодтой. Михел мæрдтæн фотоаппаратæй сæ нывтæ систа, стæй колхозы сæрдар Уасилы ’рдæм раздæхт. — Дæ хорзæхæп. Мæрдты æрæвæрдтой фæрсæй-фæрстæм. Михел сæм бæстон æркаст. Дыууæйæи дæр уыдысты сæ зæрдæтæ цæф. «Фыдгæнæг арæхстджын уыд», — ахъуыды кодтл Михел æмæ бафарста колхозы сæрдары. — Кæмæй у сæ мыггаг? — Гуссойтæй. — Къухмæрзæпæй йæ цæстытæ асæрф- та лæг. — Кæрæдзийæн чи сты? — Мад æмæ фырт. Гуссонты Машо æмæ Мырзæ. — Цы куыст кодтой? — Мырзæ дыргъдопгæс уыдп, Машо та кæркгæс. — Цы ма сын уыд бипонтæй? — Чызг. Уымæн та йæ хурх у лыг. Нырма удæгас у. Ыыртæккæ рынчындоны ис... — Куыд дæм кæсы, исчи сæм миййаг фыд-зæрдæ хас- та? — Нæ зопып... Ацы хæдзармæ мастхæссæг хъуамæ мачи уыдаид. — Ацы хъуыддаджы нып хъуамæ баххуыс кæнай. Зæгъ-ма, ацы хъæуы фæсивæдæй æддæ, гъе та балцы исчи исг кæпæ æддæ чн цæры, уыдопæп арæх чн ’рбауайы ардæм? Сæрдар бæстон ныхъхъуыды кодта, стæй нæ армы- тъæпæн йæ къæбутыл æрхаста æмæ афтæ бакодта: — А-хъæуы фæсивæдæй ныртæккæ æддæ нйчи ис... 127
— Уæд та дзы, чи зоны,, знон кæнæ дысон искуы исчи уыд бæлцуаты?.. — Ничи. Уый дын фидарæй зæгъын. Знон нæм хоскæр- дыны зиу уыд æмæ фæсивæд иууылдæр уым уыдысты, æрмæст... — цæуылдæр фæгуырысхо сæрдар æмæ, кæй фæгуырысхо, уымæй цыма æфсæрмы фæцис,, уыйау фæ- сьгрх. — Æрмæст цы? —йæ уавæр ын фæхатыдта Михел. — Мæнæ амæн, — лæгмæ ацамыдта,, — йæ фыды ’фсымæры лæппу ныр иуцалдæр азы горæты ис æмæ... — Æмæ дзы цы ми кæны? — Нæ зонын, кæмдæр, дам, кусы, зæгъынц... Фæла.> уый ахæм æлгъаг ми нæ бакодтаид... Лæппуйы коймæ Михел исдуг ахъуыды кодта, стæй сæрдары афарста: — Иæ адрсс ын нæ зоныс? — Раст дын куы зæгъон — нæ йæ зонын. Æниу нæ горæт ахæм дынджыр нæу æмæ йæ лæг ма ссара. Сæр- дæй-зымæгæй дары сау уæлдзарм худ. Чысылæй йæ был алыг æмæ йын æвзæр кæй байгас, уый тыххæй стыр ри- хитæ рауагъта, йæ ном — Барис. Михел ахъуыды кодта, исты ма дзы ферох ис æви нæ, ууыл. Тагъ-тагъд йæ цæст ахаста, кæй фæнысæнттæ код- та, уыдопыл æмæ фыдракæнд цафон æрцыдаид, уый тых- хæй дзы куы ницы бæрæггæнæн разынд, уæд бафарста: — Дæ зæрдыл нал лæууы, уæ зиуы фынг цафон фæ- цис, уый? — Куыд нæ. Æз æмæ Мырзæ иумæ рацыдыстæм. Уый ныхас кодта, зымæгмæ нын холлаг цæттæ кæныны куыст куыд цæуы, ууыл. Æппæлыд фæсивæды иузæрдион куыс- тæй. Барисы кой дæр нæм æрцыд. Хъуамæ, дам, æй æр- бакæнон ардæм. Уадз æмæ йæ мадимæ уа, зæгъгæ. Иу- дзæвгар куы фæныхас кодтам, уæд ацыдыстæм. Уыдаид æхсæвы дыууæ сахаты. — Стыр бузныг, Уасил, — Михел арфæ ракодта Уа- силæн, стæй фæдагурæг куыдзимæ дуармæ рацыд. 128
— Агур! — фæхъæр кодта куыдзыл. Куыдз азылд хæ- дзары фæскъултæм. Хæрдмæ слыгъд. Æнгузы бынæй æрыскъæфта иу къабайы рон. Михелмæ йæ радта, стæй хæдзары фæрсты дæлæмæ ныууад. Иу хæдзары фарсмæ алæууыд... Иæ мидбынат цалдæр зылды æркодта. Михел ныццыд йæ фæдыл. Куыдз кæм зылд, уым кæрдæг уыд ссæст. Куыдз ма иу цалдæр раны кæрдæгмæ æрæсмыс- тытæ кодта, стæй фездæхт æмæ фалæты фæндагмæ ных- хызт. — Ай кæй хæдзар у? — бафарста Михел Уасилы. — Уый уыцы Барисы хæдзар у, — æрхæндæггъуызæй бахъуыр-хъуыр кодта Уасил. «Ам хъуыддаг раст нæу», — ахъуыды кодта Михел. Афæнд кодта хæдзармæ бацæуын, фæлæ йæ ныууагъта. «Ацы хæдзармæ мæ зæрдæ кæй фехсайдта, уый куы ба- зопой, уæд гæнæн ис æмæ хъуыддаг ныссуйтæ уа». Иугæр æй мæрдтимæ куы ницыуал хъуыддаг уыд, уæд Уасилæн загъта, цæмæй сын æгъдау радтой. Адæм цыма æфсæйиаг тæлыйæ феуæгъд сты, уыйау пыггуылф кодтой æнамонд хæдзармæ. Уайтагъд сылгой- мæгты зæрдæхалæн хъарæг ныййазæлыд уæлдæфы... Ирон лæгæй цыфæнды фыдохы бон дæр йæ уазæгхын- цыиы æгъдау нæ рох кæны. Уасил ныйиттæг ис Михел æмæ йе ’мбæлттыл, нæ цæхх, нæ къæбæрыл нын баввæр- сут, зæгъгæ. Фæлæ ие сразы сты, раарфæ кодтой Уаси- лæн æмæ рынчындоны ’рдæм фæцæуæг сты. * * * Мæллæг хъуджы фæрсчытау дыууææттæгуæлæ хæ- дзары фарсыл цы хъæдын асин сныхæст, ууыл рог суад Михел. Дуар бахоста. Мидæгæй рахызт урсхалатджын бæрзонд, нарст сылгоймаг. — Уыцы цæф чызджы фенын мæ фæнды, кæд гæнæн ис, уæд, — бамбарьтн кодта Михел. 9, Къæбысты 3. 129
— Гæнæн цæуылнæ, фæлæ дын ницы пайда ратдзæн. Йæхи нæма æрæмбæрста... —Æрхæндæг хъæлæсæй загъ- та сылгоймаг. — Æрбауадз æй, — мидæгæй дохтыры хъæр рай- хъуыст. Ус иуварс алæууыд æмæ фæндаг радта Михелæн. Уый уæззау къахдзæфтæй бахызт. Салам радта дохтырæн, стæй йæ афарста: — Куыд у? — Уæззау уавæры ис, — бамбарын кодта дохтыр. Чызг хуыссыд уæлгоммæ, йæ цæсгом мæрдвæлурс. Дзыккутæ дыууæ ставд быдæй хъæдып сынтæджы ныхыл æрзæбул сты. Йæ цæстыты уæлтъыфалты ’хсæп сатæг- сау ставд цæстыхаутæ талмбæлæсты уаццагау хъæддых лæууыдысты. Михел æм дзæвгар фæкаст, стæй афарста дохтыры: — Областон рынчындонмæ нæ фехъусын кодтат? — Куыд нæ. Тагъдæххуысы машинæйы ныртæккæ ар- дæм хъæуы, хъуамæ йæ областон рынчындонмæ арви- тæм. — Куыд дæм кæсы, дохтыр, фервæздзæп ма? — зæр- диаг фарст акодта Михел æмæ цыма фыдуац фе- хъусынæй тарст, уыйау йæ цæстытæ чысыл æрцъынд кодта. — Цы загъдæуа? Æгæр бирæ туг фссæфта æмæ, — чъызгæйæ загъта æвзонг дохтыр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — æниу, чи зоыы, йæ удæн пицы тас уа, фæлæ дзыхæй нал сдзурдзæн. — Фыссын зоиы? — Куыднæ зоны, ахуыргæнæг уыд. Цыма хъуыддаджы райдианыл фæхæст, уыйау йæ цæсгомыл цыдæр ныфс фæзынд Михелæн. -г- Цæй, ныр уал хорзæй баззайут. Æз æй изæры об- ластон рынчындоны абæрæг кæндзынæн. — Сдзырдта Михел. Иу каст ма чызгмæ фæкодта, стæй рацыд. 130
— Григол, ацы чызджы кæд фервæзын кæнай, уæд сараздзынæ дыууæ хорз хъуыддаджы. Иуæй ацы æвзонг уд цæргæйæ баззайдзæн, иннæмæй та нын фыдгæнджыты раргом кæнынæн баххуыс кæндзынæ,—загъта Михел областы рынчындоны хистæр дохтырæн. Чысыл ма алæу- уыд, стæй йын хæрзбон загъта æмæ рацыд. Михелы рацыды фæстæ Григол æрбадти цæф чызджы цур æмæ йын йæ мæрдон фæлурс цæсгоммæ æдзынæг иыккасти. «Иуæй-иу риуы зæрдæйы бæсты сæвзæры дур. Бабырс искæй хæдзармæ. Фынæй адæмы гæнгæлыты цагъд фæкæн æмæ сып сæ фæллой рахæсс. Уый адæйма- джы миниуæг у!» — Арф ныуулæфыд æмæ йæ цæстытыл ауадысты йæ царды бонтæ. Цыппар азы йыл цыд, афтæ амарди йæ фыд. Мады ’вджид баззадысты цыппар лæппу æмæ æртæ чызджы. Фыдæбон, маст бирæ федта Григол йæ сабийы бонты. Сæ хъæуы скъола куы байгом, уæд ыл цыд аст азы. — Гыцци, уыцы скъола кæй хонынц, уырдæм гыццыл лæппуты нæ уадзынц? — йæ мады уæрджытыл йæхи æр- уадзгæйæ бафарста иу хатт Григол. — Къæбæдаты нæ уадзынц, мæ лæппу. — Иæ мид- былты æхсызгон худт бакодта мад æмæ йæ хъæбысы æр- бакодта лæппуйы. — Æмæ æз къæбæда дæн, гыцци? — хæрдмæ йæм скаст лæппу. — Уæдæ цы дæ? Дæ гыццийы коммæ нæ кæсыс. — Гыцци, æз дæ коммæ кæсдзынæн æмæ мæ уыцы скъоламæ ауадз. Ауадздзынæ мæ, гыцци? — Хорз, мæ лæппу, хорз, æрмæст-иу галиу митæ ма кæн. Григол йе ’мцахъхъæнтæй иууыл хæлардæр уыд саз сыхæгты лæппу Рутенимæ. — Григол, ис ахæм^ хосгæнджытæ æмæ адæймаг куы фæцæйм^лы, уад ын йæ гуыбыц акъæртт кæныиц. Уд- 131
хæссæджы уырдыгæй йæ къахæй раласынц æмæ рынчын фервæзы. — Дзырдта иу хатт Рутен, доны был сæхи куы надтой, уæд. — Уый ды уæлæ Медеоны хуызæн дæсыытæй зæгъыс, æвæццæгæн? — хинæйдзаг каст æм бакодта Григол. — Нæ, нæ, уыдон дохтыртæ хуыйнынц. Мæнæн сæ мæ фыд дзырдта. Æз дæр хъуамæ суон дохтыр æмæ искуы куы фæцæймæлай, уæд дын дæ гуыбын алыг кæндзынæн æмæ феовæздзынæ. — Æмæ мæ гуыбын нæ фæрисдзæн? — цыма йын ацы уысм æцæг йæ гуыбын лыг кодта, уыйау фæтарсти Гри- гол. — Рисдзæн, фæлæ дæхи хъуамæ фидар дарай. Рутены ныхæстæ Григолы зæрдæйыл баззадысты цыртдзæвæныл фыстау. Йæ сæры магъзы цыдæр талынг хъуыдытæ доны уылæнтау ссæндæнтæ кодтой. «Лæг куы фæцæймæла, уæд ын йæ гуыбын алыг кæн æмæ удхæс- сæджы уырдыгæй ралас. Уæдæ Медеон афтæ куынæ хос кæны... Уый доныл баарфæтæ ’кæны æмæ дзы чи баназы, уый адзæбæх вæййы». — Ацы хъуыдытæ йæ гыццыл сæ- ры магъзæй нал хинæн кодтой. Хъуамæ хистæртæй ис- кæй бафарстаид, фæлæ йæ цæсгом никæмæ бахъæ- пыд. Ныр скъоламæ цæугæйæ тæбыны къуыбылойау хæлын байпыдтой царды æнæмбæрст хъуыдытæ. Цыд оæстæг. Григол каст фæци æстæм кълас, æмæ ахуырмæ бацыд горæты медтехникуммæ. Техникумы фæстæ иу-дыууæ азы сæхимæ акуыста. Стæй Мæскуыйы мединститутмæ ацыд. Ииституты йæ зæрдæмæ фæцыд иу чызг, Светлаева, зæгъгæ. Фыццаг хатт банкъардта лæппу уарзондзинады æнкъарæнтæ. Фыццаг хатт фæди æгъуыссæг, кæйдæр чызгъш адавта йе ’нцойад. Уыцы уарзондзинад куыдфæс- тагмæ тынгæй-тыпгдæр кодта æмæ æппыифæстаг лæппу пæ зæрдæйы сусæг фæндон раргом кодта чызгæи. Чызг разыйы дзуапп радтз лæппуйæн. Стæй сæ ахуыр куы 132
фесты, уæд сæ Цард баиу кодтой æмæ иумæ кусыымæ æр- цыдысты Ирыстонмæ. Иу æмæ дыууæ адæймаджы нæ байста Григол Амæлæ- ты дзæмбытæй. Уый уарзы цард, æмæ царды сæрыл мæ- лæты ныхмæ æгъатыр тохы бацæуы. ... Ныр дæр мæнæ лæууы, удхæссæг æгъатырæй кæй æвзонг уд аскъæфынмæ хъавы, уыцы чызджы раз æмæ йын кæсы йæ мæрдон фæлурс цæсгоммæ. Нæ, ацы цæ~ рынхъуаг уд нæ бауыдзæн мæлæты амæттаг. Григол йæ- хи рауæлдай кæндзæн æмæ хъазуат тохы байсдзæн цæ- ринаг уды мæлæты дзæмбытæй. Рацыд къуырийы бæрц, фæлæ Михел фыдгæнджыты фæдыл нæма фæхæст. Цыдæр лыстæг бæлвырдгæиæнтæ йæ къухы бафтыд, фæлæ уыдон фаг не сты аххосджыны æххæстæй фæзылын кæнынæн. Хъуыдыты адзæгъæл Михел. Телефоны дзæнгæрæг пыццагъта æмæ йæ хъуыдытæ æрдæгыл аскъуыдысты. Систа хæтæл. — Хъусын. Цы? Лæгмард зæгъыс? Кæцыран?. Хорз. — Михел æрæвæрдта хæта^л æмæ фæсидт фæдагурæгмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй Сикъойы уынгыл, № 50-æм хæдзары цард пенсионер Гæцойты Захар. Иæ лæппу æд бинонтæ цæры Уырысы. Иæ ус амард дыууæ азы раз- мæ æмæ цард иунæгæй. Лæгмартæ бацыдысты комкоммæ дуарæй. Ницы асас- той. Лæг хауд уыди дæлгоммæ. Михел Сибийæн бардзырд радта, цæмæй хæдзар бæс- тон басгара æмæ ныффысса суагъæ. Афтид дзаумæтты скъаппы раз лæууыд газеты скъуыддзаг, фæлæ йыл фыст ницы зынд æмæ йæм йæ, хъус не ’рдардта. Фæцис йæ куыст. Иунæг зæрдæхсайгæ хъуыддаг дзы ницы разынд. «Цы нæ вæййы». Систа газеты скъуыддзаг. Бынæй йыл карандасæй фыст уыд: «Гæздæнты М.». Цавæр газетæй 133
у, уый бæрæг нæ уыд. Сиби йæ хъуыддадЖы гæххæтты- тимæ. нывæрдта... ...Цалынмæ марды базыдтой, уæдмæ адæм фæцыдысты æмæ фæдагурæг куыдз дæр ыицыуал базыдта. Афтæмæй уыцы газеты скъуыддзаг баззад иунæг ныфсы тагæн. Марды фыццаг федта, Захарæн-иу æхсыр чи хаста, уыцы зæронд ус. Михел æй цæмæйдæрты бафарста, фæ- лæ йын уый ныхæстæ дæр пицы радтой. Сыхæгтæй ма кæйдæрты бафарста, фæлæ иууылдæр лæвæрдтой иу дзуапп: «Ницы федтон, ницы фехъуыстон». Марды уал рынчындонмæ аластой... Газетрафысджытæй Гæздæнты М. исчи ис,, æви нæ, уый бабæрæг кæныны тыххæй пост- мæ арвыста Сибийы... Сиби бахызт, горæты посты газеттæ æмæ журналтæ кæм дихтæ кæнынц, уыды уæрæх хатæнмæ. Æвзонг чызджытæ — постхæсджытæ тæрхджытыл равæрдтой стыр сау хызьштæ æмæ сæ газеттæ æфснайынц. Сиби куы бацыд, уæд æм иууылдæр ракастысты. Уый сын салам радта, стæй сæ бафарста: — Газетрафысджыты номхыгъд кæм фендæуа, чыз- джытæ? Ацы фарстæн чызджытæй дзуапп ничима радта, афтæ мидæггаг къуымæй райхъуыст нæлгойма- джы бæзджын хъæлæс: — Номхыгъдтæй фылдæр нæм цы ис? Кæцы уынг дæ хъæуы? — Кæд уынггай сты, уæд мæм сæ радгай дæтт. куыд æвæрд дын сты,, афтæ, — загъта Сиби æмæ фыссын- мæ йæхи æрцæттæ кодта. Райста иу номхыгъд. Сæрæй бынмæ йыл йæ цæст рахаста. Нæ дзы уыд ахæм мыггаг, фæлæ йыл цæмæн ма фæдызæрдыг уыдаид зæронд лæг, уый тыххæй дзы иуцалдæр мыггаджы рафыста. Дыккаджы куы райста, уæд æм фыццаг æркастæй йæ зæрдæ фæкъæпп кодта. 134
Номхыгъды дыккаг лæг уыд Гæздæнты Мелитои. < .æри- бары уынг, 10-æм хæдзар. Ныффыста йæ. Ныр хъуамæ рацыдаид, фæлæ йæ иуæй лæджы фæдызæрдыг кæнын иæ фæндыд, пннæмæй та ахъуыды кодта, зæгъгæ ма дзы чи зоны исчи уа уыцы мыггагæй, йæ иом «М»-йæ кæмæн райдайа, ахæм. Кæронмæ сæ федта. Ахæм дзы куынæуал разынд, уæд бузныг загъта зæроидæн æмæ ра- цыд. Иæ басгæрсты тыххæй куы радзырдта Михелæн æмæ йын адрес йæ разы куы æрæвæрдта, уæд æй уый бафарс- та: — Куыд дæм кæсы ацы газеты хабар? — Цы загъдæуа? Иуырдыгæй ахъуыдыгæнæн ис, зæгъгæ йæ исчи фæдсафынæн ныууагъта. Иннæрдыгæй мæм афтæ кæсы, цыма газет пецы дуары æхгæнæныл фæ- хæцыд æмæ афтæмæй аскъуыд. Мæнæ йæ фæд зыны бæ- рæгæй, — систа газеты гæппæл æмæ йæм бæстон æркаст. — Æгæрыстæмæй мæнæ чысыл милæй дæр ацахуырст. — Газет уым кæй аскъуыдаид,, уыцы хъуыды мæн дæр дызæрдыджы æппары, — загъта Михел æмæ уый дæр бæстон æркаст газеты скъуыддзагмæ. — Цæй, хорз. Фенæм, цы уыдзæнис дарддæр... Михел зоиы, сырдмæ æхстбæрцмæ бацæуынвæнд куы кæнай, уæд раздæр топпы мæнгвæдæгмæ æвналын кæй нæ хъæуы. Сибиимæ комкоммæ бацыдысты, Мелитон кæм цард, уырдæм æмæ дуар бахостой. Бæрзонд, рæхс- нæг лæппу хæдзарыдарæн дзаумæтты æддæмæ рахызт. Р1æ сæрыхъуынтæ уыдысты пыхцыл. Цæсгом — тыхст- гъуыз, раст цыма удуæлдай хæстæй нырма ацы уысм раирвæзти. — Бахатыр кæнут, цыдæртæ куыстон æмæ мæ бакаст куыддэер аив нæ уыдзæн, фæлæ... мидæмæ рацæут, — йге хъæлæс дызæрдыджы ад кæны. 135
— Ницы кæны, — цыбыр дзуапп радта Михел æма1 Сибиимæ лæппуйы фæдыл мидæмæ бахызтысты. — Ды Гæзданты Мелитон дæ, æнхъæл дæн. — Хæ- дзары къуымты йæ цæст арахæсс-бахæсс кодта Михел. — О, — йæ сæры хил алæгъз кодта лæппу. Йæ цæс- гомæй тыхстгъуыз айсæфт. — Дæ документтæ мын куы фенын кæнис. Лæппу йæ пиджачы дзыпмæ нывнæлдта, йæ паспорт систа æмæ йæ Михелмæ радта. Михел паспорт куы фед- та, уæд бафарста: — Цы газеттæ исыс, уыдон æмбырд кæныс, æви сæ... — Æмбырд сæ кæнын... Уæдæ ма мын «Советон Ирыстон» фенын кæн... Мелитон рахаста газетты рæдзагъд. Михел дзы иу комплект йæхæдæг райста, иннæ та Сибимæ радта. Иу- дзæвгар сæм куы æркастысты, уæд Михел афарста лæп- пуйы. — Маёнæ ацы газет цымæ цæмæя афтæ æнцъылдтытæ у? Стæй йæ иу кæрон скъуыд дæр куы у?.. — Уыцы бон базармæ цыдтæн. Уынгмæ куыддæр ахызтæн, афтæ мыл постхæссæг фембæлд. Газет мæм радта æмæ йæ мемæ ахастон. Цыдæртæ балхæдтон æмæ сæ цæм атыхтаин, уый мæм ницы уыд. Цæй, зæгъын сæ ам арæхстгай батухон, стæй йæ алæгъз кæндзынæн. — Æмæ скъуыд та цæмæн у? — Цавæрдæр æнæхсæст лæг мæ цуры фæци æмæ мын мæ газеты кæроп аскъуыдта, махоркæ, дам, дзы атухон, зæгъгæ. — Дæ цуры дзы стыхта махоркæ? — комкоммæ йæм бакаст Михел. — Уый нал æрхъуыды кодтон... — Иæ сæр батылдта Мелитон. — Сиби, сис-ма, цы газеты гæппæл дæм ис, уый. Сиби систа газеты скъуыддзаг. Газет скъуыд кæм уыд, уым æй æрæвæрдта æмæ æнгом абадтысты. Мелитон йæ иом фыст куы ауыдта, уæд фергъуыйау. 136
— Ай мæ газеты скъуыддзйг куы у... Михел йæ дзыппæй систа, Мелитоны хæдзары сьГй баджигул кæныны бар кæй ис, уый гæххæтт æмæ йæ лæп- пумæ равдыста. — Джигул? Цæй тыххæй?.. — фæдисау ис Мелитоп. — Уый тыххæй фæстæдæр, — загъта Михел æмæ къуымты йæ цæст ахаста. —Ацы иу хатæны недтæмæ дын иæй? — Афарста Мслитоиы. — Уæртæ кухни. — Тыхстгъуызæй сдзырдта Мели- тон. Мйхел уал дзаумæтты скъапп байгом кодта. Уыдис дзы костюм æмæ зымæгон палто, усы сæрдыгон æмæ зымæгон палтотæ, æртæ тæнæг къабайы. Ацы дзаумæт- тæй иу дæр зæрдæхсайгæ нæ фæкаст Михелмæ, æрмæст тæнæг къабатæй урсхъулон чи уыдис,, уый йæ чысыл фæ- гуырысхо кодта. Æртæ къабайы дæр уыдысты иугъуызон хуыд,, фæлæ иннæ дыууæйы уæлдай уымæн рон нæ уыд. Михел иннæты сынтæгыл æрæвæрдта, фæлæ уый йæ къу- хы фидар æрбатымбыл кодта, цыма йын искæмæй аскъæ- фынæй тарст, афтæмæй афарста: — Сылгоймаджы дзаумæттæ дын кæй сты? — Уыдон... — ме ’фсины сты... — Æмæ кæм ис сæ хицау? — Фæрнджын ут,. фæлæ йын сывæллон ис... Иу мæй йыл нæма цæуы æмæ не ’фсии хъæуы ис йæ мадмæ. — Рагæй? — Ныр дыууæ къуырийы. — Ацы къабатæ ды балхæдтай, æви де ’фсин? — Дæ къухы цы къаба ис, уый ме ’лхæд у. — Хуыдæй æви хъуымацæй? — Хуыдæй. — Кæцы магазины? — Базары йæ къухы балхæдтон. — Дæ ус, æнхъæл дæн, æнæрон къаба нæ уарзы, йæ зæрдæмæ дын фæцыд æнæ ронæй? — Уый йæ нæма федта. Æнæуи ацы хъуымацмæ ра- гæй бæллыд аемæ йæ роны тыххæй хъуамæ ма бафауа... 137
Уымæй уæлдай ницыуал ссардтой зæрдæхсайгæ... — Бахатыр кæн, фæлæ хъуамæ милицимæ немæ ра- цæуай. Дæ дуæрттæ сæхгæн; немæ ахæсдзыстæм æрмæст ацы къаба æмæ газет. Мелитон сæ фарста, цæмæн æй кæнынц, уымæй, фге- лæ йын иицы бæлвырд дзуапп радтой. ... Мнхел йæхæдæг акодта Мелитоны милицимæ, Си- бийы та Мелитоны куыстмæ арвыста, цæмæй базыдтаид, знон изæрæй уым уыд æви нæ, стæй кæд уыд, уæд цафон рацыд,, чи ма уыд йемæ. Сиби куы ацыд, уæд Михелы зæрдыл æрлæууыд иу хъуыддаг: «Цалынмæ Сиби хъуыд- даг бæрæг кæна, уæдмæ уал æз ацы лæппуйы лаборато- римæ акæнон æмæ йын йæ туджы анализ сисой». — Шо- фырæн фембарын кодта æмæ комкоммæ ацыдысты лабо- раторимæ. ...Мелитоны директор Сибийæн радта æмбарынгæнæн фыстæг. Фыст дзы уыд: «Мелитон уыцы ’хсæв ацыдис дыууадæсы æрдæгыл, кæимæ, уый не ’рхъуыды кодтон, фæлæ лæппутæ загътой, иунæгæй, дам, ацыд. «Уый хорз». — Ахъуыды кодта Михел, æмбарынгæнæн фыстæг кæсгæйæ. Æнæуи куысты у æгьдауджын, æнæзивæг, — фыста дарддæр директор. — Ф-æстиат нæ кæны. Нуæзтыл зæрдийæ нæу. «Фыдгæнджытæ сæхи къорды йедтæ,мæ ни- кæимæ фæнуазынц». Михел ацы фыстæг куы каст,, уæд Мелитоп уыд æн- дæр уаты. Нæ зыдта, йæ директормæ йын Сибийы кæй арвыста, уый дæр. — Мелитон, ныр мын радзур, знон куысты цал сахат- мæ фæдæ, кæимæ ацыдтæ æмæ кæдæм?.. — Знои фыццаг хатт нæ пълан сæххæст кодтам. Хæрз изæртæм пæ ацыдтæн куыстæй. Ныры хуызæн иикуы фæ- фæсмон кодтон, мæ бинойнаджы хъæумæ кæй арвыстон, ууыл. Тынг мæ фæндыд, ме ’нтысты хабар ын куы радзу- рин, уый. Иугæр уый нæй, уæд мæ мæ къах нал хаста хæдзармæ æмæ суанг дыууадæсы æрдæгæй иу сахатмæ иунæгæй зылдтæн уынгты. 138
— Никæуыл фембæлдтæ? — Нæй. Нæдæр мæ фæндыд. Уæд ын хъуамæ мæ Цйй- язинад радзырдтаин æмæ мын æппæлæгау рауадаид. — Мслитон, мæимæ дæ директор æрбарвыста æмба- рыпгæнæн фыстæг. Уый алцæмæй дæр кæны дæ хорзы кой. — Директор æй цæмæй зоны, æз ам дæн, уый? — фæ- джихау ис Мелитон. — Дæхи ма тыхсын кæн. Дæ хъуыдытæ æрсабыр кæн. Мæн фæнды дæуæн баххуыс кæнын. Дæ хуызæн æвзонг лæппуйæн ахæм æнтыст уа æмæ стæй зыгъуыммæ фæн- дагыл лæууа,,уый хорз нæу... — Нæ дæ ’мбарын... — Ацы газет дын кæм аскъуыд, уый ма æрхъуыды кæн. Куыднæ фæтæригъæд кодтай Захарæн. Уый дæр де ’мкусæг куы уыдис. Куыд æм дæ къух æртасыд? Æниу æй, чизоны, ды нæ амардтай, фæлæ йæ куы зыдтай, зæ- ронд кусæг у, цæмæн æй бауагътай марын? — Кæй Захары кой кæпыс? — дисгъуызæй йæ афарс- та. — Кæй Захар у, уый ды мæнæй хуыздæр зоиыс. Æв- зонг кусджыты хъомыл кæныныл куыд аудыдта, уый ма æз дæр куы зоиын. Дæуæн макуы мацы балæггад кодта- ид, уый мæ иæ уырны. — Михел комкоммæ кæсы Мели- тоны цæсгоммæ. — Ау, Захар амард! — йæ рахис къухы амонæи æн- гуылдз пæ дæндæгты ’хсæп ацахста Мслитои, стæй сæит- тæ цæгъдæгау уыцы ’рхæндæгæй райдыдта дзурын. — Чи мæ бабып кодта? Цыфæнды зындзинады рæстæджы дæр ме ’ххуысгæнæг уый уыд. Ныр ма кæмæй агурдзы- иæи ахæм æххуыс? — Чп дæ бабын кодта, уый кæд зæрдæйæ фæрсыс, уæд дæ къухтæ! — Иæ амонæн æпгуылдз æм батылдта Ми- хел. — Уый дын æххуыс кодта, адæмы ’хсæнмæ дæ код- та, ды та йæ маргæ акодтай æмæ йып йæ фæллой рахас- тай. Афтæ йæ бон бакæнын у сырдæн, æрмæст сырдæн. — 139
Сындæг, цыма хъуыддæгты иууылдæр зыдта, уыйау хæрз сындæг дзырдта Михел. — Æз лæг амардтон?.. — мæстыгъуызæй йæм бакаст Мелитон. — Æз, мæ удæй мын адджындæр чи уыд, уыцы лæджы амардтои?.. Куыд æнцонæй дзурыс ахæм ныхæс- тæ... — Дæуæп лæг амарын нæ уыд зын, нæ? Мæпæп та дзурын дæр зын куы уаид,, афтæ дæ фæнды? Цæй, ууыл иал дзурдзыстæм, дæ фыдракæнд дын чи ’ргом кæны, ахæм æрмæджытæ фаг ис. Ныр та æндæр хъуыддаг: ацы къабайы рон, — къаба систа йе стъолы лагъзæй, — кæм фесæфтай, уый ма мын зæгъ... — Телефоны зæлланг фæ- цыд. Михел йæ дзурын фæуагъта æмæ систа хæтæл. — О... Михел дæн... Лабораторийæ? О, куыд у? Иу- гъуызон сты? Иттæг хорз. Акт ныффысс. — Æрæвæрдта хæтæл. — Дæ къухтæ ма мын мæнæ афтæ фенын кæн, — йæ къухтæ уæлгоммæ стъолыл æрæвæрдта. Мелнтоны цæс- тытæ расыг лæджы цæстытау дзæгъæлкаст кодтой. Иæ а.рмытъæпæнтæ уæлгоммæ сзылдта æмæ сæ стъолмæ сындæг æруагъта. Михел сæм бæстон æркаст. Галиу къу- хы астæуккаг æнгуылдзыл уыд, тæссармæ лыгæй æрæ- джы чи байгас, ахæм нуæс. — Кæсыс? Ды та сæтгæ нæ кæныс... Фæрсаг сæтгæйæ дæ къух куы алыг, уæд дæ тугæй авг сахуырст. Æз æй лабораторимæ радтон æмæ ныртæккæ бæрæг базыдтон, дæу кæй у, уый тыххæй. Æз ма дын уырдыгæй æрхастон, дæ ус рагæй цы къабамæ бæллыд, уый рон дæр. — Къæ- иеты хъæуæй цы рон æрхаста, уын æрæвæрдта Мелитоиы раз. — Уыцы къаба æз æлхæнгæ бакодтон. Мæ къух та алыг кардæй хæринаг аразгæйæ. — Цыма фынæйæ фе- хъал, уыйау æнæмбаргæ каст бакодта Михелмæ. — Кæмæй йæ балхæдтон, уый хуыз нырма дæр мæ цæстытыл иттæг хорз уайы. Бæрзонд, рæхснæг лæппу, йæ сæрыл сау уæлдзарм худ. Стыр сау рихитæ. Нæ горæты 140
уый цахъхъæптæй ахæм рихитæ ничи дары... Мæ газет дæр мын уый аскъуыдта. Михелæи та йæ цæстытыл ауад, нырма иу хатт дæр кæуыл нæ фембæлд, афтæмæй æдзух йæ цæстытыл чи уайы, уыцы фæлгондз. «Тæппуддзинады гакк дыл зыны,, — ахъуыды кодта Мелитоны тыххæй, — пырма никуы бæх, никуы йæ хуыр- рытт, афтæмæй йе ’мбалы нымудзыныл фæцис. — Йæ иом та цы хуыйны уыцы рихиджынæн? — къа- хæджы фарст æй акодта. — Уый нæ зонын, лæг хъуамæ раст зæгъа. Фыццаг хатт æй федтон. — Ауу кæд ыи йæ пом нæ зоныс, уæд йемæ куыд цыд- тæ? — йæ мидбылты хинæйдзаг худт бакодта. — Æз æй базары балхæдтон. — Йæ фыр тыхстæй рафт-бафт кæны Мелитон. — Æмæ авг дæр базары ацъæл кодтай? Дæ къух дæр базары алыг кодтай? — Цæй авг, цæй къухы лыджы кой кæиыс? — Дедтæ йæ нуæс нырма дæр дзæбæх куы зыны. — Уый мæиг у? Нæ уарзыи хахуыр ныхæстæ æмæ мып сæ кæигæ дæр ма кæи. — Уæдæ дæу йедтæмæ раст ничиуал у, нæ?.. Фæлтау басæтт. Зæгъ де ’мбæлтты, æмæ дæхицæн та цæмæй дæ курдиат ма бабын уа, ууыл асагъæс кæн. — Цыдæр аудæг хъæлæсы уагæй дзырдта Михел. — Æз ме ’мбæлттыл сæтгæ нæ, фæлæ сæ сæрыстыр дæп. Кæцыфæнды изæр театрмæ бацу æмæ сцеиæйыл фендзынæ ме ’мбæлтты. Æз сыл цы дзурон? Уый,, хъуыд- даг дзæгъæлы цы пыддаргъ кæна, уымæй дарддæр ницы пайда у,о уымæн æмæ мæиæн зæххыл æндæр æмбал пæй. — Иæ цæсгомы нуæрттæ тæлфынц фырмæстæй. Дзырд нал бады уыцы арæхстджын дзыхы. — Кæсыс, алы фыдгæпæг дæр-иу, дæуау, куы ныф- фæрск уаид, уæд хъуыддаг куыд даргъ æмæ вазыгджыи кæпы, уымæ? — йæ сæр банкъуыста Михел. 141
— Дæумæ гæсгæ раст адæймагыл фыдгæнæджы чъизи пом æвæрыи хуымæтæджы хъуыддаг у, æви нæ? — Уый афтæ вæййы. Æнгуырыл ауыгъд кæсаг никуы федтай? Йæхи куыд фæтилы? Уый аирвæзыныл фæар- хайы. — Кæсыс, дзурынæй дæр мыл ды тых кæныс! Уын уымæн афтæ у, æмæ ацы хъуыддагмæ ды цæттæ уыдтæ æз та æдзæттæ, ме ’взаг мын сбастай. «Æиæпхъæлæджы фæтыхстæ æмæ иицыуал зоныс нал дæхи сраст кæнынæн, иал дæр басæттынæп. Дæ дзых дып æз пæ, фæлæ дæ фыдракæндтæ сбастой. Нииы кæны, рай- хæлдзæн». — Ахъуыды кодта æмæ Мелитоны камерæмæ акодтой... — Баулæф уал æмæ ахъуыды кæп дæхицæн дæр æмæ махæн дæр баххуыс кæныныл... — афæдзæхста ма йæ... * * * ... Михелæн æнцой нал дæттынц ацы фæстаг фыдра- кæндтæ. Иннæрдыгæй та йæ бынтоп дуарахæсты бакодта Мелитоны дызæрдыггаг цæстæнгас. «Кæд миййаг раст у? Кæд... Æмæ уæд ацы газет уырдæм кæцæй бахауд?.. Йæ тугæй уыцы авг кæм сахуырстаид?.. Арæх-пу сагъæс кодта. — Нæй! Уыцы уæлдзармхудджыны уал базоныи хъæуы!» — Аскъуыддзаг кодта. Фæлæ уый дæр пикуы- уал зыны... ничиуал æй федта а-фæстаг р’æстæджы горæ- ты æмæ Михел райдыдта бæстондæр агурын... Сæрдыгон бон йæ куыст фæцис æмæ сындæггай йа.1 цæстытæ æрæхгæнынмæ хъавыд. Хуры цалх иыттылд фæсрагъмæ. Йæ фæстаг тынтæ ма бæрзонд хæхты цъуп- пытыл арæдзæ-мæдзæ кодтой æмæ ахуыссыдысты. Куысты рæстæг раджы фæцис, фæлæ ма уæддæр Ми- хел бады фыссæн стъолы фарсмæ. Иæ цæнгтæ йæ сæрмæ быцæу сæвæрдта. Хуыссæг дæр æй ахсы, фæлæ мара зæгъ, кæд чысыл æрцъынд кæныны тыххæй уæддæр хæ- дзармæ атагъд кæна... Æниу хæдзармæ дæр куыд тагъд 142
кæна? Фыдгæнджытæ, чи зоны, йæ фындзы быпты сæхи расæрф-басæрф кæнынц, уæд сæ уый та уынгæ пæ кæны. Йæ цæсты разæй нæ хицæн кæнынц, цы адæймæгты амар- дæуыд, уыдон. Чысыл куы афынæй вæййы, уæд мад æмæ фырт тугæрхæмттæп кæрæдзиуыл хæцгæйæ йæ разы æрбалæууыиц. Мад йæ зонгуытыл æрхауы. Лæгъзтæ кæны, цæмæй йын тагъддæр ссарой йæ хæдзарсафджы- ты. Лæппу сæргуыбырæй, æнæисты дзургæйæ фæлæууы, стæй йæ мады цонгыл рахæцы. «Цæуæм, гыцци, худииаг дæр сæхицæн». Ох, ацы дзырдтæ! Мады хъæлæсæй судз- гæ цæхæрау расхъиугæ дзырдтæ Михелы зæрдæ дуар- ахæсты бакодтой... Иннæрдыгæй Захары мæлæт: «Ех, Михел, Михел! Мæ марджытæ æрвылбон дæ рæзты хъеллау кæнынц, ды та фыдæбонæй марыс æнæаххос лæппуйы, — фæкæны зæр- дæсаст хъæлæсæй. Нæй, ныры хуызæн зын æмæ ахсджиаг никуы фæкаст Михелмæ йæ куыст. Ныры хуызæн ыл никуы æруагътл бæрндзинад йæ уæз. — Ех!—уыцы уæззау хъуыдытыл, йæхицæй сурæгау, йæ къух ауыгъта æмæ фестад. Дуарырдæм фæраст,, фæ- лæ йæ телсфоиы зæллапг фæурæдта. Баздæхт. Систа хæтæл. — О, хъусын. Уæдæ чи дæн? Куы ацыдаин, уæд ма ам уаип? Цы? Кæимæ ис? Тыпг хорз. Дæ хъус æм дар. Цы? Уый гæнæн нæй. Афтæ ахсæн ыи нæй. Уый кæд ах- хосджын у, уæд иунæг нæ уьтдзæн æмæ уæд... О, о. Ма дæ базонæд. Æз уал хæдзармæ цæуын. Уырдæм-иу мæм фæдзур... — Сындæг æрæвæрдта хæтæл. Иæ цæсгомыл цыдæр ныфсæигас фæзынд... Æрталынг. Михсл æд дзаумæттæ хуыссы сыптæгыл. Телефон ныззæлланг кодта. Михелы хуыссæг, пъæззыйау, сынтæгмæ нылвæста. Зын æм кæсы фезмæлын. Иæ цæс- тытæ гæзæмæ байгом кодта, фæстæмæ та сæ æрæхгæдта, зæгъгæ мæ кæд нал бахъыгдарид, фæлæ дыккаг хатт ноджы тынгдæр ныззæлланг кодта. Лæг æм цъындцæс- НЗ
тæй равнæлдта. Райста хæтæл æмæ йæ йæ рахиз хъусмæ бахаста. — Хъусын. 0... Сиби дæ? — Йæ цæстытæ фегом код- та. Фестад. — Хорз, хорз. Ныртæккæ фæцæуын. — Йæ дарæс барæстытæ кодта æмæ рацыд. ...Сиби боны Барисы фæдыл сусæгæй зилгæйæ, куыд бамбæрста, афтæмæй уыцы ’хсæв хъуамæ Горæтгæроны уынджы, № 3 хæдзарæй рацыдаиккой йе ’мбæлттимæ кæдæмдæр. «Хуымæтæджы» хъуьгддаджы фæдыл кæй -нæ пæудзысты, уый бæрæг у. Михел æрбамбырд кодта оперативон кусджытьт. Бæс- тон баныхас кодтой, цы аразын хъæуы, ууыл, стæй сæ алчи ацыд йæ хæс æххæст кæнынмæ. ... Æхсæвы таримæ электроны цырæгътæ стыр тохы бацыдысты. Сурыпц æй горæтæй, фæлæ ныууоцаничс æмæ нæ комы. Амбæхсы бæлæстæ æмæ хæдзæртты ау- уæтты. Горæтгæроны уынг нырма ногæй сырæзт æмæ æдзæрæг хæдзарау у рохуаты. Уынгты нæй электроны рухсытæ. Мæйдар æхсæв вæййы ингæиау тар æмæ æмыр. Боныгон ын ницыдæр у. Иæ дыууæ фарс цы назбæлæсты рæнхъытæ ис, уыдон ып цардæнгас дæттынц. Уынджы галиуæрдыгæй фарс иу бæласы бын, хуыс- пæджытау, æрæмбæхстысты цыппар лæджы. Хæцæнгарз- ифтонгæй æнхъæлмæ кæсынц цæмæдæр. Цæуылдæр тых- сынц. Кæд уынгæ ницы кæнынц, уæддæр кæрæдзимæ ба- кæсынц. — Сиби, дæ сахатмæ ма ’ркæс, цас у рæстæг? — ныл- лæг хъæлæсæй сдзырдта чидæр. — Æмæ дæхимæ нæй? — Мæнæн бон тыхæй куы зыпынц йæ фыстытæ, уæд сæ æхсæв куыд фендзынæ? — Æртæйы ’рдæг у. —’Уæдæ цæмæн фæстиат кæнынц дæ бæлццæттæ? Кæд сæ раст нæ бамбæрстай? — Сагъæсгъуызæй сдзы- рдта Михел. Дзуапп ын ничи радта. Уысмы бæрц та æппæт дæр ныссабыр. Уалынмæ уынджы фаллаг кæро- 144
нæй къæхты хъæры хуызæн уынæр æрбайхъуыст. «Уый )». — Алкæмæ дæр фæзынд ахæм хъуыды, фæлæ йæ дзургæ ничи скодта. Чысыл фæстæдæр сæ тæккæ баком- коммæ фехъуыст æртæ цыбыр æхситты, стæй дуары хъинцъ. Михел куы базыдта, æрбацæуæг мидæмæ ба- хызт, уый, уæд ныллæг хъæлæсæй сдзырдта: — Цæудзыстут мæ фæдыл æнæсыбырттæй. Уæхæдæг зонут: къæриыхы хъус гæзæмæ уынæр дæр ахсы. Фæцыд та се ’нхъæлцау хæдзары дуары гом кæны- ны хъæр. Æрбайхъуыст фæсус хъæлæс: — Фысым, ды разæй цу, мах—дæ фæдыл. Къæхты хъæр дардæй-дарддæр хъуысын байдыдта. Михел сыстад. Дзургæ ницы скодта, афтæмæй араст сындæггай, хъавгæ. Йæ фæдыл афтæ арæхстгай азмæ- лыдысты иннæтæ дæр. Цæуынц æхсæвы тары дыууæ къорды. Иу дзы хъуа- мæ бабын кæна кæйдæр мæгуыр хæдзар, кæ,нæ басæт- та, искуы, зынаргъ дзаума кæм ис, ахæм магазин, ин- нæ та сæ... — Цæй, куыд уыдзæн, уымæн нырма чи цы зоны, фæлæ сæ хъуыддаджы æнтыстыл фыццæгтæ тыигдæр æууæндынц... Бакæсæм, цы уыдзæн, уымæ... Сæуæхсиды уынгмæ дард кæцæйдæр зынынц æндæр уынджы цырæгъты тьштæ æмæ йæ гæзæмæ рухс кæ- нынц. Цыппар адæймаджы сæ цыд фæсындæгдæр код- той. Фæйнæрдæм хъахъхъæнынц. Сæ ных скодтой Лæ- вæртты магаэинмæ. Магазин лæууы талынг къуымы. Дыууæ къорды дæр æй ныртæккæ уынгæ нæ кæнынц, фæлæ йын йæ бацæуæ-нтæ хатынц зæрдаивæй. Фалæрдыгæй чидæр æхситтæй ^зары. Æвæццæгаен хъахъхъæнæг йæхи аирхæфста уыцырдæм, гъе та, чи зоны, уыцырдыгæй дæр исты хъахъхъæнинаг ис... Рог уддзæф æрбахаста кæйдæр ныхасы скъуыддзæгтæ. «Æз æ.й дзурыныл фæкæндзынæн. Кæд нæ хъуса, уæд «фитт»... —Æмæ раззаг къордæй иу фæраст æхситтæй- зарæджы ’рдæм. Михелæн йæ зæрдæ цыдæр æнæнцой тæлфт скодта. Цыма хъуыддаг бабын, афтæ йæм фæ- 10. Къæбысты 3, 145
каст. Уæддæр къулгæрæтты цæуы размæ... Йæ хъустыл та ауад скъуыдтæ дзырдтæ: «Мах дыууæйæ мидæмæ, ды æддейæ лæу æмæ дæм цы дæттæм, уыдон иуварс æвæр». Ам диссаджы фæнд фæмидæг Михелы сæры. фæстæмæ фæзылд. Иннæтæ дæр бамбæрстой, цыдæр зæгъынмæ сын кæй хъавы, уый. Хæстæг æм балæууы- дысты. — Фехъуыстат, цы загътой, уый? — Фехъуыстам,—уайсадæг чындзы хъæлæсæй сдзыр- дта Сиби. — Куыддæр дыууæйæ фæмидæгæй уой, афтæ æд- даджы æнæ иу сыбырттæй аиуварс хъæуы. Нæ иу æр- лæудзæн йæ бынаты. Исдзæи дзаумæттæ, стæй куы рахизой,, уæд—ахсгæ. — Цыппæрæм цыма бынтондæр’ нæ уыд, уыйау ыл хъуыды дæр нал акодта рæстмæ. — Æддаджы мæ бар уадз, — сдзырдта Сиби. — Нæ, ды формæйы кæй нæ дæ, уый тыххæй дын «да- вын» æнцондæр уыдзæн. Æддаджы та мæхи бар уа- дзут. Дарддæр уæ алчидæр ахъуыды кæнæд, цы кæнын хъæуы, ууыл. Чи ацыд, уый уæ ма ферох уæд. Уый æрцахсынæн нын баххуыс кæндзæн нæ арæхстдзинад. Каед ам ницы хъæлæба æрцæуа, уæд уый æрбаздæх- дзæн æмæ... Уæдмæ фæцыд авджы сæртæг къæрцц. Михел къулгæрæтты, рувасау, йæ къахы æлгътыл ба- уад. Мæйдары гæзæмæ равзæрста, иу дзы мидæмæ кæй бахызт, уый. Иннæ æрдæгæй размæ фæмидæгæй. Раст уыцы рæстæджы æддейæ фæрсаггæрон гуыбырæй чи лæууыд, ууыл Михел йæхи бауагъта. Бæрзæйы фæцæф æмæ дзыхы фидар æрбалхъывд афтæ сиу сты, æмæ лæппу хъыпп-сыпп нал сфæрæзта... Уыцы уысммæ уы- мæн бахъавыд æмæ зыдта, мидæггæгтæ агурыныл кæй уыдзысты æмæ ахæм чысыл хъæлæба кæй не ’рхат- дзысты. Уайтагъд Сиби бацахста, Михел зыгуымы гол- лаДжы хаст кэей ракодта, уыцы абырæджы бынат. Чы- сыл фæстæдæр йæ хъустыл ауад «хæц», зæгъгæ. Рог февнæлдта, Исы, кæ# йæм дæттынц, уыдон, Æвæры сæ 146
иуварс. Уыцы рæстæгмæ иннæ милиционертæ фæрса- джьт фæйнæфарс сæхи æррæвдз кодтой. Дзаумæттæ лæвæрд куы фесты, уæд дзы иу рагæпп кодта. Иæ былтæ йын кæйдæр къух ацахста. Уыцы æнæнхъæлæджы цæфæй фæсонтау æмæ уынæргъыи дæр нал сфæрæзта. Афтæ рауад иннæйы хъуыддаг дæр. Сæ фыццаг æмбалы цур сæ æрæвæрдтой бæстытæй... Цын- пæрæм фыдгæнæгмæ ма банхъæлмæ кастысты, фæлæ иал разынд. Михел азылд фалæрдæм. Хъахъхъæнæг раздæрау æнæмæтæй рацу-бацу кæны æмæ ’хситтæй зары. — Цы хъахъхъæныс ам? — бафарста йæ Михел. — Мæнæ ацы чысыл магазин дæр мæнмæ ис, — аца- мыдта иу къаннæг къæсгондмæ. — Демæ чи ныхас кодта? — Иу лæг мæм æрбацыд. Расыг уыд. Цыдæртæ фæ- лæхурдта. Иурæстæджы цыдæргъуызоч фестъæлфæ- гау кодта æмæ ам фалæмæ алыгъд. Михел ын магази- ны хабар нæ загъта. Цалынмæ иннæтæ сæ амæттæгты ’фснайдтой, уæдмæ йемæ аныхæстæ кодта, стæй ацыд. Михел иуæй райгонд уыд йæ «цуанæй», фæлæ цып- пæрæм кæй аирвæзт, уый йæ сагъæстыл æфтыдта... Уы- цы æхсæв ма баджигул кодтой, абырджытæ цы хæдза- рæй рацыдысты, уым дæр. Цы фæллой дзы ссардтой, уыдоныл акт скодтой, стæй, йе ’мбæлттæн ныфс авæ- рыны тыххæй, сдзы.рдта Михел. — Ницы кæны. Иæхи >къахæй æрцæудзæн уый даер. * * * Михел æхсæвы рæстмæ нал бафынæй. Фæидыдис æй, тагъддæр куы бафæрсид уыцы фыдгæнджыты. Рай- сомæй хъуамæ комкоммæ куыстмæ ацыдаид, фæлæ йæ зæрдыл æрбалæууыд Григолы зноны ныхас: «Верæ- имæ (афтæ хуынд, йæ хурх цæф кæмæн уыд, уыцы чызг)' ныхас кæндзынæ райсом раджы, уый фæстæ йæ 147
дæумæ нал æвдæлдзæн». «Хорз»,— загъта йын Михел. Уæд ын æхсызгон уыдысты ацы ныхæстæ, фæлæ ныр уыйбæрц нал. Цыма йын уыцы абырджыты фæр- сынæн уый фæстæ фадат нал фæуыдаид, афтæ мæстм кæны. ...Цалдæр боны размæ цы мæрдонгъуыз цæсгом федта Михел, уый ныр фæцардæнгасдæр. Уадултæ гæзæмæ фæсырх сты. Æцæг сыл сагъæс чырсау ныд- дæвдæг, фæлæ сæ уæддæр ныфсæвæрæн ис. — Верæ дзургæ нæ кæны, — загъта Григол. — Ды йæ фæрс æмæ дын уый та фысгæйæ дзуапп дæтдзæнис. Æрмæст дæ ма ферох уæд: тынг лæмæгъ у æмæ йын бирæ дзурæн нæй. Ацы ныхæстæм Верæйы уадултыл, фæллад бæлц- цæттау, сындæг тылдысты дыууæ ставд цæссыджы. Йæ цæрæнбонты æгомыгæй куы баззайа миййаг, уыцы хъуыды йын йæ зæрдæ æхсыны. Иыхас куы райдыдтой, уæд ма Григол иу хатт афæ- дзæхста Михелы, цæмæй рæстæгыл фæуа фарст, стæй рацыд æддæмæ. Михелмæ фарстытæ бирæ уыд, фæлæ чызгæн тæ- ригъæд кодта æмæ сын æвзæрста сæ ахсджиагдæрты. — Зынаргъ дзаума уæм исты уыд хæдзары? — Уæлæдарæс æмæ фосæй дарддæр ницы. Михел æй хъуамæ бафарстаид, зæгъгæ, бирæ дзаума дын куы равдисон, уæд се ’хсæн уæхиуæтты базондзы- нæ, фæлæ уæд ныхас дард куы ацæуа æмæ рынчын куынæ бафæраза кæронмæ. Стæй Григолы фæдзæхст дæр йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ йæ ныууагъта, фæл- тау бафарста: — Æхца уæм уыд хæдзары? — Дыууæ мины æмæ æрдæг. — Æфснайæн лагъзы сæ банчы цæуылнæ æвæрд- тай? — Облигацийæ сæ рамбылдта ме ’фсымæр. Хъуамæ нæ хæдзар фæхуыздæр .кодтаиккам. 148
— Æхца кæм уыдысты, уый исчи зыдта? — Ничн, мæ фыды ’фсымæры лæппуйæ дарддæр... — Чи у дæ фыды ’фсымæры лæппу? — Барис хуыйны. Ам, горæты вæййы. — Цы кусы? — Бындурон куыст никуы кæны. Бонгай акусы кæм- дæрты. — Дæ зæрдыл никæй бадардтай фыдгæнджытæй? — Цыппар уыдысты. Æз хицæн къуымы хуыссыд- тæн, иу дзы мæ уæлхъус лæууыд, иннæ та мæ мад, ме ’фсымæры цур. Иуыл дзы уыд тынг бызгъуыр дарæс, Иæ сæр — тьгхт. Уый иста дзаумæтты иу æндæри- мæ. Михелы цæстытыл ауад, дысон кæй æрцахстой, уы- донæй бызгъуыр дарæс кæуыл уыд, уыцы рихиджып лæппу. Мæн чи хъахъхъæдта, уымæн йæ рахис хъусæй роцъомæ уыд нуæс. Йæ рахис къухы амонæн æнгуылдз уыд дыккаг фæкъæдзгæнæныл хауд. Æнæуи йæ ба- каст — тæссаг. Абон дæр мæ цæстыты раз цыма лæууы уыцы фыдуынд цæсгом. Кæддæриддæр æй базондзы- нæн... — Уыйбæрц бæстон æй куыд бахъуыды кодтай? — Пистолет мын дардта мæ ныхмæ æхсынæввонг. Иæ мæнгвæдæгыл ын хæцыд астæуккаг æнгуылдзæй. Амо- нæн æнгуылдз та уыд йæ дыккаг фæкъæдзгæнæныл. Иу- рæстæджы бызгъуырдзаумаджын ме ’фсымæры сынтæ- джы бынæй рацæйиста, æхца æвæрд кæм уыдысты, уы- цы чемодан. Ме ’фсымæр æй, æвæццæгæн, базыдта. Мæ хъустыл ма ауадысты йæ дзырдтæ: «Æй, дегæр калай, мæны йедтæмæ кæй бас...», уымæй дарддæр ницыуал ба- зыдтон. — Æгæр æй тыхсын кæныс, Михел, уыйбæрц гæнæн нæй. — Дуарыл æрбахæцыд æмæ сдзырдта Григол. — Фæдæн... Цæй, ныр уал баулæф. Стыр бузныг уæ дыууæйæ дæр. — Загъта Михел æмæ Верæйы дзуаппыты гæххæтт йæ дзыппы нывæрдта. 149
Михел куысты баййæфта Сибийы. — Сисын кодтай туджы анализтæ? — О,—сахатмæ æркаст Сиби, — ныр хъуамæ цæттæ уаиккой. Михел æрбадт фыссæн стъолы фарсмæ æмæ теле- фоны хæтæл райста. — Алло... Лаборатори у? О. Дæ бон хорз... Тугцъир дæ сарæзтон, зæгъыс?.. — Иæ цæсгом бахудæндзаст. — Куыд? Æри-,ма, æри! Æцæг? Уый хорз. Дæ фарн æй куы зæгъид. Уыцы лæппуйы тæригъæдмæ кæсын мæ бон нал у. Кæд миййаг æнæазымæй бады, уæд... Хорз... Мæнæ дæм Сибийы фервитын æмæ суагъæ ныффыссут. Фенын- мæ... — Æрæвæрдта хæтæл. — Сиби, ракæн мæм Гуссойы фырты, стæй лабо- раторимæ бауай. Суагъæ ныффыссут æмæ йæ ра- хæсс. Къæсæрыл æрбалæууыд бæрзонд, саулагъз лæппу бызгъуыр дарæсы. Даргъ, гуыбыр фындз æмæ йын пых- цыл рихитæ цыдæр тæссаггъуыз лæвæрдтой йæ цæсго- мæн. — Дæ бон хорз. — Цыма искæмæ уазæгуаты бацыд, уыйау сæрыстырæй салам радта Михелæн. — Æгас цу. — Ацамыдта йын бандонмæ. — Бадгæ скæн. — Мæ рыгæйдзаг дзаумæттæй уын уæ бандæттæ куы счъизи кæнон... — Ницы кæны. Фæлæ мæм диссаг кæсы, дæ хуызæн лæппу ахæм бызгъуырты кæй цæуы, уый. — Иæ цæсгом- хмæ йын фæлварæджы каст кæны Михел. — Куынæ уа, уæд дæ цы фæнды? — йæ цæыгтæ фæй- нæрдæм аппæрста. — Ау, уый æппæт дзаумайæ дæуæн ницы уыд? — Фелхыскъ æй кодта Михел. — Кæцы дзаумайæ? —Ацы фарст зæгъгæйæ, уæллаг 150
Аæндæгтæй бинаг был ацахста. Цыма исты фæрæДыД, уыйау фæсырх. I —Дысон цуаны кæцæй рацыдыстут, уыцы хæдзары бирæ дзаумайæ? — Уый бæсты нæ ныхас фæцыбырдæр кæнæм, — йæ бандон стъолмæ хæстæгдæр æрбакодта. — Мæнæн мæ бон нæу, æнæазымæй мæ чи азымджын кæна, уымæ хъусын. — Дæумæ гæсгæ мæ разы æнæазым адæймаг бады? — Афтæ у. Æз, дысон нæ сымах куы ’рцахстат, уы- мæй чысыл раздæр нуæзтджынæй фембæлдтæн ацы абырджытыл. Марынæй мæм бартхъирæн кодтой æмæ... — Нуазгæ кæм бакодтай? — Рестораны. — Ацы дзаумæтты мидæг уыдтæ рестораны? — дис- гъуызæй йæ афарста. — О. Ацы дзаумæтты. — Дæ къæбæлдзыг уæлдзарм худ æмæ дæ сау костюм дæ уæлæ нæ уыдысты знон? — Цæй худ?—дисгъуызæй афарста лæппу. — Сæрыл кæй дарынц, ахæм худ. — Мæнæн нæй худ. Æз цы бакусын, уый бахæрын. Цы ма дзы аззайы, уымæй та мæ мадæн æххуыс кæнын. Цæрын тынг мæгуыр. — Цыдæр тæригъæддаг хъæлæсы уагæй дзырдта. Михел ма йын тæригъæд дæр фæкодта... — Хъус-ма, Барис, Верæмæ нæма уыдтæ?.. Ацы æнæнхъæлæджы фарст нырмæйы фидарæнгæс цæсгомы царм бындзарæй фæивта. Йæ мидбынат æнуд тæлфт скодта, фæлæ та уайтагъд йæ бынатмæ æрцыд. — Нырма хъæуæй знон æрцыдтæн. Уыцы æнамонд- ты ныгæдтон. Чи сын уыд хуыздæр фæкæсæг? Хъуамæ йæм абон бацыдаин, фæлæ... — Гъей, Барис, Барис!.. Ницæйаг капеччыты тыххæй дæ фыды ’фсымæры бинонты фæцæгъд... — Чи фæцагъта?.. —сæнт хъæр фæкодта Барис æмæ фестад. 151
I — Бадгæ кæн, бадгæ. Барис, мæп фæнды, ацы хъуы^ дагмæ дæ цы ’ркодта, уый базонын. Уыцы рæстæджы Сиби æрбахаста суагьæ. МихеЛы раз æй æрæвæрдта æмæ Ьарисмæ худæнбылæй ба- каст. — Кæм ис дæ уæлдзарм худ? Ирон лæг кæлмæрзæ- пы нæ фидауы. — Цæй худы кой кæнут? Æз æй куынæ ’мбарын? — Дысон изæрæй Горæтгæрон уынджы куы фæцæй- цыдтæ, уæд дыл чи уыд, уымæй дын зæгъын. — Фæбæл- вырддæр кодта Сиби йæ ныхас. — Цы мыл æрзадтæ ды та?! Сымахæй иу дæр фынд- дæс лæджы басæтдзæи ныхасæй æмæ... Михел фæтыз- мæг æмæ йæм бадардта суагъæ: — Дæ фыды ’фсымæры фæрсаг куы асастай, уæд дæ къух алыг. Дæ тугæй авг сахуырст. Мæнæ йæ лаборато- ри сбæрæг кодта. Верæйы къаба кæмæн ауæй кодтай, уыцы лæппу нырма дæр бады... — Цæй лæппу, цавæр лæппу? — Барисæп йæ ца^сго- мыл дызæрдыг фæзынд. — Афтæу фыдгæыæджы хъуыддаг, Гуссойы фырт. Нæ фыдæлты загъдау, расты цæв, зæгъгæ, æмæ зылып фæ- бæрæг уа. Ныртæккæ дыи æй æз феныи кæндзынæн, дæу аххосæй цы æнæазым лæппу бады, уый. Мелитон къæсæрыл æрбалæууыд. Иæ цæсгом — фæ- лурс æмæ мæстыгъуыз. Барисы не ’рхъуыды кодта æмæ лæбурæгау йæхи байвæзта Михелмæ. — Кæрон нал скæнай ацы хъизæмарæн! Дзурын дып, ницы уыдтæн æмæ йæ уæддæр нæ хъусыс! Кæд æнæ- азым адæймагæн исты карз тæрхон ис, уæд ма йæм кæд- мæ кæсут!.. Цы тæрхон мæм æмбæлы, уый цæуылнæ скæнут? Барис ныр та Мелитоны æрдæм фездæхтис æмæ уæз- зау къахдзæфтæй бацыд йæ цурмæ: — Мелитон, ныххатыр кæн. — Йæ цонгмæ йын бав- иæлдта. 152
— Уый та ма дзы кæцы у!—Цæф арсы зылд фæ- кодта Мелитоп æмæ джихау аззад. — Мæыæ! Мæиæ, уыцы æлгъыстаджы къаоа мын чп рауæй кодта, уый. — Йæ къухтæ æмæ йæ хъæлæс æм- хуызон срызтысты. Йæхи сырды цæф ныккодта Бари- сыл æмæ йын йæ хъуыр ацахста. — Мелитон, æрсабыр у. — Ныллæг хъæлæсæй сдзырд- та Михел, йæ бынатæй сыстгæйæ.—Мах дæ разы аххосджын стæм, фæлæ нæ бамбар. Никуы фехъуыс- тай, расты, дам, цæв æмæ зылын фæбæрæг уа, зæгъгæ. Ныр сбад æмæ ныи Барис радзура, хъуыддаг куыд у, уый... Мелитон йæхи æнæууæнк уагъд æркодта баидоныл. — Æз уын радзурдзынæн, Мелытонæн ацы хъуыддаг куыд сарæзтон, уый. Мæ хуызæн фыдгæнæгæн æвиппай- дæй алцы ралæхурын тæппуды нысан у, фæлæ мæнæч уæлдай нал у. Ацы горæты зонгæ кæимæ пæ уыдтæн, уыдонæй ном æмæ мыггагæй зыдтон æрмæст Мелито- пы, — дзырдта Барис цыдæр саст хъæлæсæй.— Базары къаба куы уæй кодтон, уæд мæм бацыд. Йæ хуызыл зынд, зæрдиагæй йæ кæй фæнды къаба ’лхæнын. Куы йзе айста æмæ йæ газеты куы тыхта, уæд газетыл ауыд- тон Мелитопы мыггаг фыст. Фæзынд мæм диссаджы хъуыды. Уый фæстæ цæуинаг уыдыстæм иу зæронд лæ- джы хæдзар давынмæ. Зæгъын æй уым аппардзыстæм æмæ йæ милици куы ссарой, уæд æм æнæмæнг джигул кæндзысты. Ноджы ма йæм къаба дæр баййафдзысты æмæ мах донæй сурæй... Мелитон уыцы æнæзмæлгæ бадт æмæ дисгъуызæй хъуыста Барисы æргом ныхæстæм. Йæ хъустыл не ’ууæн- дыд. Æрæджиау æддæмæ рацыд. — Уым уал фæлæу чысыл! — сдзырдта Михел йæ фæстæ æмæ Барисмæ баздæхт. — Ацы фыстытæ ма бакæс, цалынмæ æз Мелитонимæ пыхас кæнон. —Радта йæм Верæйьт фыстытæ æмæ дуар- мæ рацыд... 153
Фæстæмæ куы баздæхт, уæд Барисы баййæфта йæ цæссыг калгæ. — Цы кодтай, Барис? — афарста йæ. — Ех, ма мæ фæрс. Фæлтау мæ уадз æмæ æппæт дæр фысгæ ныккæндзынæн. — Хорз, æрмæст ма иу фарст. Уым Верæ иу нуæсру- сы кой кæпы, æмæ уый чи у, кæм ис? — Уый дæр дысон немæ уыд. Хъахъхъæнæджы ныха- сыл фæкæнынмæ ацыд æмæ, æвæццæгæн, хъæлаеба куы фехъуыста, уæд йæхи бааууон кодта... — Чи у уæддæр? — Ард дын хæрын мæ памысæй, кæд ма мып ис, уæд, чи у, уымæн мæхæдæг дæр ницы зонын. Уый уыд нæ хистæр, фæлæ йын йе цæг нам æмæ мыггаг махæй ничи зыдта... Цæй, ныр мæ уадз. Уый тыххæй дæр фыс- гæ ныккæндзынæн, — сдзырдта лæгъзтæгъуызæй. Михел ын фыссæнтæ радта. Хицæи хатæнмæ йæ ар- выста. Уый фæстæ фæдзырдта иннæтæм, фæлæ уыдон куы базыдтой, Барис æппæтыл дæр басаст, уæд ныхмæ лæууыныл нал схæцыдысты. Ныр Михел чысыл æрæнцад, фæлæ йын уæддæр йæ зæрдæ иу ран нæ уагъта уыцы нуæсрус. Тагъддæр куы фæуид Барис фыст. Чысыл уæддæр куы базонид, кæм ’æй агуырдæуа, уæд райдаид. * * * «Æз мæ мад æмæ мæ фыдæн уыдтæн иунæг. Мæ фыд сæрæн, цæрдхъом лæг уыд. Цард æй цыма йæхæдæг дæр уарзта, уыйау йæ алыварс зылд. Никуы ницæуыл басагъæс кодта мæ иунæгдзинадæй дарддæр. Мæ ацыд, ме ’рцыдыл мын нæ хъæцыд. Скъоламæ цæуын куы рай- дыдтон, уæд мæ чиныгмæ бирæ кæсын нæ уагъта: «Ба- фæллайдзынæ, мæ бон»... Мæ мад æм мæсты кодта, фæлæ ницы уæндыд. Æхца, дарæсцух нæ зыдтон. Иæ- хæдæг-иу мын тыхæй лæвæрдта æхца. Цард мæм каст 154
фæлмæи уддзæфау рог æмæ æпæ хъыгдард. Йæ у#з ын никуы æрхатыдтон... Фæлæ... Астæуккаг скъола куы фæуд кодтон, уæд... æниу цæй фæуд? Ахуыргæнджытæ мæ къодах сæрæй сфæлмæцыдысты æмæ мæ донласт хъæдау размæ тылдтой, уæд мæ фыд амард. Ныр цыдæр æиæуынгæ уæз æрæнцад мæ уæхсчытыл, æмæ мыи, чысыл ма бахъæуа, мæ уæрджытæ пыссæтта. Æз æй тыхамæлттæй ныуурæдтон. Цы бон мæ уыд! Мæ ныфс нæ хастон, фæлæ мæ мады хатырæй пед- институтмæ ацыдтæн фæлварæнтæ кæнынмæ. Фыццаг фæлварæнæй æвзæр нысан райстон. Хуыздæр ницæмæ æнхъæлмæ кастæн. Ныр бамбæрстон, цард мыды къусау æхцон кæй нæу. Уæззау катай мæ удыл æртыхст. Мæхимæ зынын бай- дыдтон, йæ сонты бонтæ æхгæд дуары мидæгæй чи ар- выста, хуры рухс чи никуы федта, ахæм адæймаджы хуызæн. «Зæронд сывæллон», «усгур дзидзидай», — ахæмтæ хуыдтон мæхи. Фæлæ мын уый цы хъуамæ феххуыс уыдаид.! «Нæй, лæг хъуамæ цардæй тыхджын- дæр уа!» — аскъуыддзаг кодтон. Нæхимæ æгадæй аздæ- хын мæ цæсгом нал бахъæцыд. Фæцис мын æххуысгæн- джытæ æмæ заводмæ баныдтæн кусынмæ. Мæхицæн аслам аргъæй фатер баххуырстон. Ницы цух уыдтæн. Мæ мад колхозы куыста. Уый мæ нæ тыхсын кодта. Æз мæхи фаг куыстон. Æмбæлттæ мын хорз фæзынд. Æнæ уыдон, æвæццæгæн, раздæр фесæфтаин, фæлæ мæ уæгъд пæ уагътой. Æдзух мæм сæ хъус дардтой. Ног гуырд лæгъз пъолыл дæр быраг у æмæ мæ мæ цонгæй код- той. Кодтой мæ, фæлæ хатт фыдбылыз фæсхъусæй дæр æргæпп кæны. Уыдис сæрдыгон райдзаст изæр. Цæуын иунæгæй уынджы. Мæ зæрдæйыл цыдæр æхцондзинад æфтауы изæры сатæг уæлдæф. Мæ къах мæ хæдзармæ нæ хæссы. Иу ран баййæфтон иу бæрзондгомау рæхснæг чызджы. Æз æм нæ бакастæн, афтаемæй йæ фæрсты ахызтæн. 155
Æпæуый дæр чызджытæм мæ хъус пæ дардтоп. Царды мæ бынат кæй ссардтон, ууыл цин кодтон, саби ног хæдоныл куыд фæцин кæны, афтæ. Тарстæп, исты æна- рæхст хъуыддаг мын мæ фæндаг куы сæхгæна, уымæй æмæ мæхи хызтон. Уый тыххæй чызджытæй дæр мæхп дард ластон. Чысыл куы ацыдтæн, уæд мын мæ цонгмæ чидæр февнæлдта æмæ мын ныллæг хъæлæсæй мæ хъу- сы бадзырдта: — Бахатыр кæн, фæлæ... Æз æм сæнт зылд фæкодтоп. Электроны цырæгъты рухсмæ урсцъар рæсугъд цæсгом куы ауыдтоп, уæд мæ цæстытæ цæхæр акалдтой. Бæстондæр æм бакастæн, чл у, уый базоныны ныфсæй, фæлæ дзæгъæлы. Уый мын фембæрста мæ уавæр æмæ та сдзырдта: — Дæлæ уыцы расыг лæппутæй тæрсын. Нæ разæй, æцæг, дыууæ расыг лæппуйы кæрæдзи- йыл хæцгæйæ цыдысты. — Дæлæ бæрзонддæр чи у, уый мæ дуарахæсты бакодта, смой, дам, мæ кæн. Искуы мыл_уынджы куы фембæлы, уæд мæ разы пыллæууы. — Æмæ мæнæй цы домыс? — афарстои чызджы. — Ахизыы мæ кæн, — сдзырдта лæгъзтæгъуызæй. Æз ып фæтæригъæд кодтон. — Тæрсгæ ма кæн, — загътон ын æз. Лæппутæ цыдысты сындæг. Куыд сæм хæстæг код- там, афтæ мæ зæрдæ риуы къултыл йæхи тынгдæр хос- та. «Миййаг мæ хылы сæр куы бахъæуа, уæд хорз нæу». Сæ цурты куы фæцæйхызтыстæм, уæд мын чызг мæ цонгыл дыууæ къухæй фидар ныххæцыд æмæ мын мæ хъусы сыбар-сыбур кæны. «Мацы сæм сдзур». Лæппутæ нæм æрбакастысты, фæлæ дзургæ ппцы скодтой. Ныл- лæг хъæлæсæй зарыдысты цыдæр мелоди. Куы ахызтыстæм, уæддæр мын мæ цонг не суагъта. Цæуæм æнæдзургæйæ. Мæ фатеры цурмæ ’рбахæццæ стæм. Æз æрлæууыдтæн. Чызг мæм комкоммæ бакаст. Иæ цæстыты цыдæр зæрдæсæттæп æнгас цæхæрсыгъл кодта. Мæ зæрдæйыл уаз æнкъарæнтæ атыхстысты 156
хъарм уддзæфы фæйлаугæ уылæнтау. Æз-иу мæ сæр азылдтон. Нæ фæрæзтон уыцы уæззау æнгас. Æрæджиау та-иу æм абæрæг кæныны тыххæй бакастæи. Уыдон уæддæр сыгъдысты æнæахуысгæ цырæгътау. — Æз ам цæрын. — Сдзырдтон фервæзыны иыфсæй. Уый мыл уæддæр хæцы. — Дæхи хæдзар у? — Нæ, фатеры цæрын. — Æмæ кæм кусыс? Æви ахуыр кæныс? — Заводы кусын. — Иунæгæй цæрыс? — О. — Æмæ дын бинонтæ нæй? — Нæй. — Тæрхонгæнæджы раз аххосджын куыд фæ- кæпы, афтæ йын йæ алы фарстæн дæр дзуапп дæдтыи. — Уæдæ цы тагъд кæныс? — Сахатмæ ’ркаст. — Ныр- ма раджы у. Атезгъо уал кæнæм. Мæп фæндыд, æви нæ, уымæн ницы зыдтон, фæлæ æнæ уæлдай дзырдæй сразы дæн йемæ. — Ех, зын у иунæгæй цæрын. — Райдыдта уайтагъд дзурын.—Æз мæхæдæг дæр иунæгæй цæрын. — Æмæ кæм сты дæ бинонтæ, дæ ныййарджытæ? — Ничи мын ис. Мæ мад æмæ мæ фыдæн иунæг уыд- тæн. Сахуыр мæ кодтой. Уæлдæр скъола куы фæдæн, уæд мæ хъысмæты бар ныууагътой æмæ фæлыгъдысты. Ох, цы уæззау, зæрдæсæттæн хъæлæсæй дзырдта! Мæ зæрдæ-иу риуы къуымты бакатай кодта, цыма стыр хъизæмар уыдта. Цæуæм ифтыгъд галтау фæрсæй-фæрстæм. Уый мыч мæ цонгыл хæцы фидар, цыма мæ искæдæм тыхæй ла- сы. Дзуры. Æз дзурын стæмхатт. Уый дæр кæнæ цыбыр фарст, кæнæ цыбыр дзуапп. Бахæццæстæм иу ныллæг- гомау, дурæй конд хæдзармæ. — Мæнæ, гъе, мæ хæдзар. Мæ бæрны мын æй ныу- уагътой. Нæй хæстæг, хион. Схъыг дæн иунæджы цар- дæй... Цом, фен æй. Æз дæ хуызæй рагæй зонын. Никуы \Ы
мын фæцис демæ базонгæйы фадат. Уый ницы кæны, ныр дæ хæстæгмæ базыдтон. Дæ ном дæр мын чидæр загъта, Барис. Фæлæ мæ ды нæма зоныс. Мæ ном За- риффæ хуыйны. Æз дæр та йын загътон мæ пом æмæ мидæмæ бацы- дыстæм. Хæдзары уыд дыууæ хатæны. Бынæй пъадвал. Дзау- ма дзы цы уыд, уый уыцы ’хсæв нæ федтон. Мæ зæрдæ- йы катайыл фæдæн. Куы цыдтæп, уæд мыи бафæдзæхс- та, цæмæй йæм арæх цыдаин. Æз ын ныфс бавæрдтоп æмæ йæ нæ фæсайдтон. Адæймаджы цæстæнгас æмæ зæрдæйы уаджы ’хсæп ахæм цæхгæр хицæндзинадæн уæвæн ис, уый æз нæ зыд- тон. Æз-иу Зариффæйы цæстытæм кастæн æмæ мæм афтæ зынд, цьша мæ разы ис æнæмигъ арвау сыгъдæг, æнæхин адæймаг. Йæ зæрдæсæттæн ныхæетæ-иу мæ се ’нкъарæнджын уылæнтыл систой æмæ мæ уызтой, сабыр доны уылæнтæ хъæмпы хал куыд фæузынц, афтæ. Бау- уæндыдтæн ыл. Федтон дзы мæ царды рухс бæллицц, мæ фидæны амонд. Радтон ын мæ зæрдæ. Ох, кæмæн æй радтон! Дзырд æрæгмæ у, фæлæ нæ пард сиу кодтам. Æз мæ фатер ныууагътон. Рацыдтæн уымæ. Тынг амондджы- ныл нымадтон мæхи. Ахæм аудæг адæймагыл никуыма фембæлдтæн æмæ мæ хъысмæтæй райгонд уыдтæн. Уый кусгæ нæ кодта. Æнæуи дæр ницы цух уыдыс- тæм. Иæ ныййарджытæй йын дзæбæх бынтæ баззад, стæй æз дæр фæстагмæ рæвдздæр кусын байдыдтон. Но- джы Зариффæйы уарзондзинадæй мæ тых, мæ арæхст- дзинад бонæй-бонмæ рæзти. Мæ мызд дæр фæфылдæр æмæ цардыстæм дзæбæх. Куыстæй-иу талынджы куы ’рбацыдтæн, уæд-иу мыл стыр цинимæ сæмбæлд. Уай- тагъд-иу мын мæ дзаумæттæ раивын кодта, ныхсадта- иу мæ æмæ-иу мæ фæллад фæлыгъд... Афтæ ахаста иудзæвгар рæстæг, стæй цыма куыддæр фæивта. Тынг мыл нал узæлыд,., Уæддæр-иу мæ размæ 158
рауад худгæ, фæлæ ныр худтысты æрмæст йæ былтæ. Цæстыты цыдæр сагъæсгъуыз бацард. Æз ын ницы ны- саниуæг лæвæрдтон. «Æвæццæгæн, иунæгæй схъыг вæй- йы бонизæрмæ». — Мæхæдæг-иу æй райдыдтон хъæлдзæг кæнын. Иу бои куыстæй куы ’рбацыдтæн, уæд æй æрбаййæф- тон сынтæджы хуысгæ. Иæ сæрыхъуынтæ уыдысты пых- цыл. Уыд фæлладгъуыз æмæ опгхауд. Йæ рустæ цыдæр- гъуызоп хъулæттæ. Риуы гъиæджытæ уагъд. Къæсæрæй куы бахызтæн, уæд фестъæлфæгау кодта. Мæнæн мæ зæрдæ куыддæр фæкъæпп кодта, фæлæ ницы сдзырдтоп, мæхи йæм равдыстон тынг фæлмæн. Йæ сæрыл ын мæ къух æруагътон рæвдаугæ. Йæ риумæ йын пыккастæн аивæй. Митыл дзоныгъы фæд куыд фæзыпы, афтæ йыл бæрæгæй зындысты кæйдæр къухы фæдтæ. — Ай циу, Зариффæ? — афарстон æй. Уый мыи мæ уадул фæлмæн цъыкк фæкодта. — Ныр мæ цæмæйты фæрсыс?.. Цы ’мбарыс ды сыл- гоймаджы буары миниуджытæн? Æз афтæ фенхъæлдтон, æцæг сылгоймаджы буармæ стыр сусæг миниуджытæ ис æмæ йæ фæрсыныл нал схæцыдтæн. Уæдæй фæстæмæ Зариффæйы иууылдæр æййæфтон ахæм уавæры. Цыдæр бæллæх кæй цæуы мæ царды, уый хатын байдыдтон, фæлæ циу?.. Сыхæгты дам-думтæй мæ хъустыл æруад, мæ фæс- фæдæй чидæр мæ хæдзармæ кæй цæуы, уый, æмæ мæ маст æхсидын байдыдта. ^—Зариффæ, цыма мыл куыддæр дæ зæрдæ ивыи байдыдтай? — иу хатт ып загътон. Уый сывæллонау мæ хъæбысы йæхи руагъта. Иæ къухæй мын мæ’сæрыхил фæстæмае афаста æмæ сдзырдта: — Уый дæумæ афтæ кæсы, мæхи Боря, æндæра дæ æз ныры хуызæн никуы уарзтон... Баууæндыдтæн та йыл æмæ мæхимæ хæцыдтæн, кæй йыл фæ№132фдаг дæн, уый тыххæй. 159
Иуцалдæр бопы йæм мæ хъус пал æрдардтоп, зæгъыи, кæд æй дзæгъæлы æфхæрын мæ цæстæнгасæй, уæд тæригъæд у. Иу изæр куыстæй куы ’рбацæйцыдтæн, уæд дардæй федтон: мæ хæдзары дуарæй иу бæрзонд, саудзаума- джып рахызт æмæ электроны рухсмæ йæ аууон йæ фæдыл ласгæ фалæрдæм рог ацыд. Ме уæнгтæ æмрызт скодтой. Фыццаг хатт мæм фæзынд мæ усы фидарæй бафæрсыи æмæ йæ бафхæрыны зæрдæ. Фæлæ та уап- тагъд мæ маст атад ме стыр уарзондзинады цæхæры;.. Цалынмæ мæ маст æрцыд, уæдмæ нæ бацыдтæн хæдзар- мæ, фæлæ уæддæр сфæнд кодтон хъуыддаг исты хуызы сбæлвырд кæнын. Æмæ йæ райдыдтон афтæ... — Зариффæ, æз улæфт райстон æмæ, зæгъын, иу чысыл мæ мадмæ куы ацæуиккам, — загътон ын мæхи æхсгæйæ. — Кæд хъуамæ ацæуæм? — сæпт фарст мæ акодта. — Дæу кæд фæнды, уæд. — Райсом ма уæддæр нæ, стæй уый фæстæ... «Æ, хинæйдзаг рувас... Хъуамæ йæ фенай æмæ йæ бафæдзæхсай, нæ?!» — ахъуыды кодтон æмæ загътон. — Хорз. Сом ма æз бакусдзынæн æхсæвы дæс сахат- мæ, стæй иннæбон ацæудзыстæм. — Уый мæнг ныхас уыд, фæлæ æндæр хуыздæр ницы æрымысыдтæн. Нæ хæдзарæн фæндаджы ’рдыгæй цы фæрсаг уыд, уый кæддæриддæр æмбæрзт уыд бæзджын урс æмбæр- зæнæй. Райсом куыстмæ куы цыдтæн, уæд ын йæ иу кæроныл иуырдæм фæхæцыдтæн, цæмæй дзы мидæмæ кæсæн уыдаид. Куы æризæр, уæд хъахъхъæнын байдыд- тон. Иурæстæджы фæзынд, уыйразмæ ’хсæв кæй фед- тон, уыцы лæппу. Нæ уынджы чысыл алæууыд. Иу цыбыр æхситт фæкодта, стæй мидæмæ бацыд. Æз атындзыдтон. Мæ фæрсагæй кæсын æмæ уынын: бæрзонд, бæзæрхыг, сауарæзт лæппу къæсæргæрон лæууы, мæ ус та хæдзары астæу. Лæппу йæм иу уагъд йæхи бакодта. Йæ хъæбысы йæ фелвæста æмæ цъилау ныззылд, стæй йæ сынтæгмæ 160
баппæрста. Чысыл алæууыд æмæ сдзырдта бардзырды хуызы: «Сыст». Ус рахызт хуыссæнæй. Уацайрагау æнæ- уæлдай ныхас раласта йæ къаба, йæ хæдон... Мадард бæгънæгæй йæ куы федтон, уæд мæ цæстытæ атарытæ сты. Хъуамæ фæрсаг басастаин, фæлæ мæхи пыуурæд- тон... Æрмæст цыма фыцгæ аджы бадтæн, уыйау уыдтæп. Мæ зæрдæ знæт калм фестад. Фæзынд мæм маст рай- сыны хъуыды. Æмæ уымæй дæр хуымæтæджы хуызы нæ... Бирæ фæхъеллау кодтон, стæй мæ мæ уæззау хъуы- дытæ фыццаг хатт бахастой ресторанмæ, уый дæр иунæ- гæй. Мæ зæрдæ, нуæзтæй хæлд адæймагау, æрцагуырд- та арахъхъ æмæ тамако. Æнæуи дæр расыджы хуы- зæн уыдтæн. Ме уæнгтæ тæбынты бастау ныссуйтæ сты... Æрдæг авг арахъхъ уыцы иу ныхъхъуырд акодтоп. Æвæццæгæн, æвæлтæрдæй, ферхæцыдтæн. Мæ цæстытæ тарытæ кæнын байдыдтой. Чысыл фæсабыр дæн. Иурæс- тæджы искæй агурæгау æрбахызт иу бæрзонд, къæсхуыр лæппу. Къæсæргæроиæй мæм дзæвгар фæкаст, стæй ба- цыд æмæ æгомыгæй мæ цуры æрбадт. Цæхдарæнæй ба- хоста мæ бæгæныйы авг. Уайтагъд йæ уæлхъус æрбалæу- уыд иу æвзонг чызг урс халаты. — Дыууæсæдæ граммы арахъхъ, иу бæгæны æмæ кат- лет, — Сдзырдта æмæ йæ дзыппæй систа «Хъазбеджы» къопп. Бапъирозы мæнг кæрон стъолыл æрхоста æмæ ме ’рдæм æрбакаст: — Нæ дымыс, æфсымæр? — Æз ын йæхи дæр æмæ йæ архайдтыты дæр уыдтон талынджы сау æндæрг уынæгау. Мæнмæ дзырдта, уый рæстæгыл нæ фæхатыдтон æмæ йын ницы дзуапп рад- тон. — Бадым бапъироз, — къопп мæм æрбадардта го- мæй. . > Уæдмæ æрбахæццæ йæ хæрд. — Ды, æфсымæр, æвæццæгæн, хæрдджынæй æрбацыд- П. Къæбысты 3. 161
тæ?— афарста мæ цымыдисæй. Ницы та йæм сдзырдтон. — Куыддæр мæм æнкъардгомау кæсыс, æфсымæр, æмæ нæ фынг нæ фидауы... — йæхæдæг бахоста авг. ,— Вæййы афтæ дæр.—Æнæбары багуым-гуым код- тон. Фæзынд та афицианткæ. — Иу авг коньяк. — Иу æхсгæ фæкастæй сдзырдта æмæ та ме ’рдæм раздæхт. — Дæ цæстæнгасыл дын уынын цыдæр сагъæс... Мах зонгæ кæй не стæм, уый диссаг нæу. Адæймагмæ тыхст заманы йæ къух чифæнды фæдаргъ кæнæд. Раргом мып кæн дæ маст æмæ дæ фарсмæ уæхски-уæхск чи æрлæу- уа, уый Сæрæби. — Стыр бузныг, фæлæ ахæм сагъæс искæмæй æфсы- мæры æххуыс нæ фæдомы. — Сыстадтæн. — Фæлæу, кæдæм цæуыс? Кæсыс, алырдыгæй цы хъæлдзæг минас кæнынц. Æз дæу тыххæй æрхæссынкод- тоы ацы авг, уый йедтæмæ иунæгæй куыд хъуама бана- зон?.. — Бузпыг. — Сдзырдтон ризгæ хъæлæсæй. — Сбад. Сывæллонау цы кæуыс. Æвæццæгæн, æмга- ры æххуыс циу, уый нæ зоныс? — Дзырдта агуывзæты нозт кæнгæйæ. — Æз дзы фефсæрмы дæн. Афтæ мæм фæкаст, цыма ахæм уавæры æрмæст йæхи хæццæзондæй лæг ницы са- раздзæн. Æрбадтæн. Иу ма куы анызтон, уæд мæ сæры магъзы, хъызт денджызау, сфæйлыдтой тыхсæттæг хъуы- дытæ. Сау калмау та сæры магъзыл атыхст мастпсыпы хъуыды. — Цæугæ, мæиæуый, æмæ дæ памыс искæп тугæп ныхс!.. — Маст алкæуыл дæр æрцæуы. — Фескъуыдта мып мæ хъуыдытæ. Мæиыл дæр бирæ хæттыты æрцыд. Æз- пу Дæ хуызæн лæппутимæ ауынаффæ кодтон æмæ, куыд хуыздæр уыд, афтæ-иу сарæзтам хъуыддаг. — Цыдæр фæлмæн хъæлæсæй дзырдта Сæрæбп. Æз ыл баууæн- 162
дыдтæн. Мæ зын уавæры мын кæй ба^хуые кæнДзæн, уы- мæй мæ иыфс бадыд. — Æз ахсæв хъуамæ амарон лæг, бамбæрстаи? Лæг, хъуамæ мæ намыс ныхсои кæйдæр чъизи тугæй.. — загъ- тон ыи карзæй. — Чи у, кæй марыпмæ хъавыс? — хæстæгдæр мæм æрбабадт. — Мæ ус... — мæ дæндæгтæ ныкъæс-къæс кодтой. — Æмбарып дæ, фæлæ дæхиуыл фæхæц. Дæ маст куы ’рцæуа, уæд æм бацу æмæ пыи сабывæн бамбарын кæи. Ахæм’хъуыддæгтæ мæиыл дæр æрцыд, — сдзырдта æмæ мæм цыдæр хииæйдзаг каст бакодта. Æз ын фидарæй загътоп, уыцы хæдзар мæп кæп пæу æмæ йæм мастисынæп дарддæр кæй никуыуал ннцæмæ бацæудзынæн. Уымæп нæ цæсгомыл цыдæ,р хинæпдзаг æнгас фæзынд. Чысыл фæстæдæр дуармæ рацыдыстæм. Æз дзы домдтон, цæмæй мын баххуыс кодтаид мæ маст райсынæн, фæлæ не сразы. Мæхи дæр мын нæ ауагъта. Афтæ, хъаугъагæнгæ, бахæццæ стæм Горæтгæроиы уынджы, № 3 хæдзармæ. Баййæфтам дзы æртæ лæппу- йы. Цыма мæм тынг доагæл æнхъæлмæ кастысты, уынау мыл диссаджы циндзастæп сæмбæлдысты. — -Уый ие ’фсымæр у? — апвæй афарстоп Сæрæбп- пы. — Нæма, фæлæ хорз лæппу у æмæ хъуамæ суа пс ’фсымæр. Æз фæхатыдтон, хорз ранмæ кæй не ’рбахаудтæп, уый. Мæ зæрды рацæуын уыд, фæлæ мæ Сæрæби пæ ра- уагъта. Нозтджын дæ, зæгъгæ, æмæ исты фыдбылыз скæндзыпæ дæхицæн. Цы дардыл дзурыы, бахаудтæп къæпхæны... Сæрæби, æвн йæ кæцы иомæй схуыпдæуа, пæ зопыи... Уыдис æм цыппар паспорты. Æз йемæ цы номæй базои- гæ дæн, уымæй йæ хуыдтой иууылдæр. Уып уыд нæ хис- тæр. Алы мæй дæр арæзта пывæст. Уыцы мæй нæ алчи дæр хъуамæ ссардтаид иу давинаг хæдзар кæнæ мага- 162
зин. Æппæт дæр лыстæггай. Кæй рад-иу уыд, уый хуыд там «фысым». Алкæмæн дæр-иу йæ хæс раздæр бæрæг уыд. Æз æвæлтæрд уыдтæн æмæ не ссардтон давинаг хæ- дзар. Уый мæм æркаст мæлæт. Æз сæ æмбырды бафæ- дзæхстон, цæмæй марынвæнд макæй скæной. Фæлæ Мыр- зæйы сынтæджы быпæй уыцы чемодан куы истон, уæд мæ базыдта. «Æй, де ’гæр калай, мæны йедтæмæ кæй бас...», — сдзырдта.Мгеладзе фем^бæрста, кæй мæ базыд- та, уый, æмæ йын йæ зæрдæйы кард ныссагъта. Æз ма йæ ацахстон, фæлæ уæдмæ мады дæр пыццавта æмæ дыууæ дæр пъолмæ, рахаудтой. Сæрæби та Верæмæ багæпп код- та, фæлæ уый нæ амард... Ныр æз цæрыны аккаг дæр нал дæн æмæ цы карз- дæр тæрхон ис, уый мын скæнут... Ардæм мæ ’ркодта мс сæфт хъысмæт æмæ цы гæнæн ис... Æз лæгмар нæ дæн, фæлæ мæ аххосæй нæ бинонты хуыздæртæ бабын сты...;> Фæлæ Михел иырма уæгъды ныфс æвæрдта Сæрæбийы фæд сса.рынæй. Барис кæд цæссыджы къада фестадис, уæддæр ницы зыдта уыцы тугмондаг бирæгъы хуыкко- мæи. Михел ыи бацамыдта, цæмæй искæуылты ракъах- таид йæ иинæ æмбæлтты... Æмæ уый фæрцьг иу сæумæ- райсом Сæрæбийы дæр балæууын кодтой ахæстоиы кæрты...