/
Text
*
Æмдзæвгæтæ
1941-1945
ПРОЕКТ^Д^ПРЕСС
I 9 10-ВЛАДИКАВКАЭ
84 Осет
Т71
Издатель и руководитель проекта
Жанна Козырева
Идея
Эльбрус Кубалов
Тотраз Кокайты
Æрдхæрæны кадæг - Уæлахизы кадæн
Т-71 Ирон поэтты æмдзæвгæтæ. / Чиныгаразæг Кокайты Т.А. - Дзæуджы-
хъæу : Проект-Пресс, 2020. - 224 ф.
Песнь славы во славу Победы
Составитель Кокайты Т.А. - Владикавказ : 000 «Проект-Пресс», 2020.
- 224 с.
Стихи осетинских поэтов, написанные в годы Великой Отечественной войны
84 Осет
© 000 «Проект-Пресс», 2020
© Кокайты Т.А., составление, 2020
15ВМ 978-5-88734-029-6 © Василенко Н.Ф., оформление, 2020
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ -
УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Хæст...
Фыдыбæсты Стыр хæст...
Уыдис Фыдыбæстæ... Уыдис Стыр хæст...
Кæдцæры Стыр Фыдыбæстæйы адæмтæн иу уыд сæ цин æмæ
хъыг, сæ уарзт æмæ маст, сæ мæт æмæ сагъæс... Æмæ цыфыдцæр
знаг куы ныббырста, уæд се ’ппæтæн дæр иу уыд сæ хæс: цыфæн-
дыйæ дæр бахъахъхъæнын Райгуырæн бæстæ. Æмæ цыдысты иу
мады хъæбултау - стырæй-чысылæй, лæппуйæ-чызгæй - Фыды-
зæххы сæрвæлтау тохмæ...
Цыппар азы дæргъы советон адæм фæцыдысты хæстон фæн-
дæгтыл. Уымæн æмæ æцæгæй уарзтой, зæрдæйæ аргъ кодтой се
стыр Фыдыбæстæйæн. Райгуырæны раз иу уыд сæ хæс - цыфыддæр
знаг хъуамæ саст æрцæуа! Цагъары бæсты - мæлæт!
Уыцы фыдазты иннæ адæмты æмрæнхъ æрлæууыдысты ирон
адæм дæр. Уæндонæй ныззарыдысты ТОХЫ ЗАРÆГ. Уымæн æмæ
тохы зарæджы зæлтæ ирон лæг йæ мады æхсыримæ банкъары æмæ
сэе кæрæй-кæронмæ кадимæ ахæссы йæ цардвæндæгтыл.
Тох ныккодгпа...
Айзæлыд Иры кæмтты ТОХЫ ЗАРÆГ...
Æмæ цыдысты ирон адæм тохы быдырмæ се стыр Райгуырæны
сэервæлтау. Уымæн æмæ уыцы стыр Райгуырæн бæстæйы иу къуым
Уыд сæ чысыл Ирыстон.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Тох ныккодта...
Тохы зарæгимæ уайтагьд ралæгтæ сты зноны скъоладзаутæ
æмæ цыдысты тохы цæхæрмæ...
«Æз цæуын... Цæуын æмæ, чи зоны, фсестаджы балцы... Гъей,
цсей даргъ у, цсей алыхуызон у мæ фсендаг! Хорзæй баззай, мсе
райгуырæн Ир!.. Уарзын дæ... Уарзын дæ æмæ курын, ма мæ фе-
рох кæн. Ницы дын радтон хорзæй, нæ уыд рæстæг... Ехх! Фæлæ
мæ бон уыд уарзын! Бауромæн кæмæн нæй, ахæм уарзондзина-
дæй. О цас дæ уарзын!..»
Уый поэт Калоты Хазби фыста 1941 азы йæ карæнты номæй.
Æмæ цыдысты тохы быдырмæ Иры фæсивæд. Цыдысты,
уымæн æмæ сæм Фыдыбæстæйы сæрвæлтау, Иры сæраппонд æв-
гьау нæ каст сæ рæзгæ цард...
«Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ фæндыр,
Бæрзонддæр сис нæ тохы бон дæ зарæджы хъæлæс...»
Уый æвддæсæдзыд Баситы Дзамболат загьта æмæ æд фæндыр
фæцыд тохы цæхæрмæ. Фæцыди æрцу ’мæ ма ’рцуйы фæндагыл...
«Ныннæр æрвнæрæгау, ныннæр мæ тохы зарæг...»
Фыста Цæгæраты Максим æмæ уæззау танчы бабадт...
«...Æмæ дæ никуы ратдзынæн
Ызнагæн, зон уый ды.
Фæлтау мæлæт ыссардзынæн
Дæ сæрвæлтау хæсты!»
Ард бахордта Кочысаты Мухарбег æмæ Райгуырæны сæрвæлтау
æрхаста йæ рæзгæ уд.
Иры поэттæ ирон адæмимæ иумæ систой Тохы зарæг æмæ цы-
дысты хæсты цæхæрмæ - цыдысты бархи, барвæндæй.
Бирæтæ дзы царæфтыд баисты - се ’нæфыст зарджытæ ахастой
семæ. Цы чысыл бынтæ ма сын баззад, уыдон йæ рæстæджы баби-
ноныг кодта Хъодзаты Æхсар æмæ сæ рауагьта хицæн чиныгæй -
«Хорзæй баззай, Ир!..»
Нæ фысджытæй ма тохвæлладæй фыдыуæзæгмæ чи ’рыздæхт,
уыдон бирæ азты дæргьы дарддæр куыстой нæ адæмы удварнæн.
Кад æмæ сын рад!
Æцæг лæджы фарн мæрдтæм нæ цæуы... Æцæг лæг фарны хъуыд-
дæгтæ аразы. Æмæ нæ хæстон поэттæ цы дуджы цардысты, уыр-
дыгæй сын фæхицæнгæнæн нæй. Алчидæр зарыд, цы уарзта æмæ
цæуыл æууæндыд, ууыл. Уарзт æмæ æууæнкæй эынаргьдæр ницы
ис, æвæццæгæн, а зæххыл. Æмæ уарзтой æвддæс-ссæдзаздзыд
лæппутæ сæ Райгуырæн бæстæ. О, æууæндыдысты рухс фидæныл!
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ЛЕмэе цы стыр Райгуырæны сæраппонд цыдысты тохмæ, цы Райгуы-
раены тыххæй нывæзтой сæ зарджытæ, сæ цард цы Фыдыбæстæйы
сэервæлтау хастой, уый абон дихтæ-кæрдихтæ кæй ныцци, уый уы-
доны аххос нæу. Ныббарæнт, ныххатыр кæнæнт, æмæ се ’нæбæрæг
ингæнты ма схъæрзæнт... Ныббарæнт, ныххатыр кæнæнт, абон ма
уыцы хæстонтæй не ’хсæн чи ис, уыдон дæр - фаг аргъ сын кæй нал
ис, сæ хъæбатырдзинад рох кæнын кæй райдыдта...
Нæй гæнæн... Абон сау халоны базыр дзывылдары цин йæ сауæй
бамбæрзта...
Нæй гæнæн... Абон царды сыфтæ дæлимон зыгъуыммæ фæл-
дахы...
Нæй гæнæн... Абон царды цалх кæйдæрты фыдвæндæй æндæ-
рырдæм ныззылд...
Нæй гæнæн... Уый дæр царды фæтк у...
Фæлæ раджы уа, æрæджы - растдзинад йæ гаччы сбаддзæн. Нæ
уыдзæн дызæрдыггаг нæ фыдæлты стыр Уæлахиз...
Хæст...
Фыдыбæсты Стыр хæст...
Уыдис Фыдыбæстæ... Уыдис Стыр хæст...
Ацы чиныгмæ хаст æрцыдысты, ирон поэттæ хæсты рæстæджы
цы уацмыстæ ныффыстой, уыдон. Зæрдыл дарын хъæуы уый дæр,
æмæ хатт поэты къухы фыссæн сис фылдæр сахады джебогъæй.
Зæххы къорийыл туг кæмфæнды куы кæла, уæдцæр æцæг поэтæн
йæ зæрдæйы тугтæ фæкæлынц. Æмæ кæд нæ фысджытæй бирæтæ
сæ кармæ гæсгæ тохы быдырмæ нал бахаудтой, уæдцæр алы ирон
поэт дæр йе стыр маст бавæрдта йæ зарæджы. Уæвгæйæ та уыцы
карз хæсты тымыгъ анхъæвзта Иры зæххыл дæр æмæ йæ нæ алы
поэт дæр йæхи удæй банкъардта.
Хæст...
Фыдыбæсты Стыр хæст...
Райгуырæн бæстæ дывыдон арты куы сыгъдис, уæд алы æмæ
алы хъæлæстæй систой Иры поэттæ сæ зарджытæ, æмæ сæ рауад
иу уацмыс: Æрдхæрæны кадсёг — Уæлахизы кадæн.
Уадз æмæ ацы æнусон кадæг цæуа зæрдæйæ зæрдæмæ, хъæ-
уэей хъæумæ, комæй коммæ, фæлтæрæй фæлтæрмæ.
Уадз æмæ нæ зынгхуыстытæн басгуыха æнусон цæугæ цырт-
дзæвæн, удæгæстæн та - мыггагмæйы æрдхæрæн.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
АБАИТЫ БЕКЫЗÆ
1916- 1943
ДЫУУÆ ЦÆСТЫ
Цы уарзын æз нæ хæхбæсты? -
Мæ ныфс мæнæн - дыууæ цæсты.
Куы ферттивынц мæ тæккæ раз, -
Рæвдыд сæ дæн æнæхъæн аз.
Мæ куысты мын - ныфс-мæсгуытæ
Дыууæ цæсты, зым-æрфгуытæ.
Дæ гагуытæ - ыстъалытæ,
Дæ дзыккутæ - хъуыдалытæ.
Зæрдæрайгæ - дæ куыстытæ,
Дæумæ сидынц мæ фыстытæ.
Цы мæ домыс, зæгь-ма мын æй?
Нæ фæллайын æз кафынæй.
Дыууæ цæсты - мæ ныфсдæттæг.
Тæхудйаг у ныры рæстæг.
Цы кæндзынæн, куы нæ мын уай?
Мæ зæрдæ дæ, мæ хуры хай!
1939 аз
Кæцæй мæм æрцыди уæлахизы ныфс?
Цæмæн мæ фæхонынц хъæбатыр?
Мæ фыссæн, мæ хæлар, мæ фæндæттæ фысс.
Нæ ратдзыстæм знагмæ нæ бартæ.
Сæрибары сæрвæлтау райсин мæлæт,
Мæ цард дæр нывонд у мæ Ирæн.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Цы лæг тæрса тохы, уый авдцæлдзæх уæд!
Хæстон у, æндон у мæ лирæ.
Æрбакæс мæм, ме ’мбал, æппæтæй - цæттæ,
Æппæлгæ нæ кæнын мæхицæй.
Хæстоны мæкъуыстæг, хæстоны цæнгтæ -
Хъæдцыхдæр, тыхджындæр мæцъисæй!
1939 азы декабрь,
Хурныгуылæн Украинæ
АРÆНÆЙ
Салам сымахæн æз æрвитын,
Мæ цæст уын уарзы цард.
Ис не ’хсæн, ис, æрмæстдæр иу зын,
Кæрæдзийæ кæй ыстæм дард...
Уæдцæр мæм ма ’хсайæд уæ зæрдæ.
Уæ зæрдыл бадарут мæ дзырд:
Мæ джебогъ акалы цæхæртæ, -
Лæгдзинад равдисдзæн уæ фырт!
1940 азы 6 мартъи,
Хурныгуылæн Украинæ
ТАГЪД ДÆ ФЕНДЗЫНÆН
Поезд базмæлыд,
Цадæг атылди
Æмæ хуссармæ
Хъавгæ азылди.
Бадын вагоны
Хицæн хатæны.
Хур мын рудзынгæй
Пъатæ акæны.
Зæрдæ фырцинæй
Риуы нал быхсы.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Зарæг хъæлдзæгæй
Хъустыл атыхсы.
Ам мæм топпы хъæр
Мур дæр нал хъуысы,
Ам лæджы сырх туг
Зæххыл нал сысы.
Тагъд дæ фендзынæн,
Уæ, мæ ныййарæг,
Æз æрзардзынæн
Уæд хæстон зарæг.
1940 азы 6 июиь
* * *
Мæ рынчын зæрдæмæ
Нæуæгæй ныккастæн,
Мæ риссаг зæрдæйы
Нæй фæндтæн кæрон.
Æз фесхъиудтон сонтау,
Цæмæйдæр фæтарстæн:
Сæ райхалын дардцæр
Куы нæ суа мæ бон.
1940 азы 19 сеитябрь
АБАЙТЫ ВИКТОР
1924- 1944
* * *
АРВ НЫННÆРЫД
Мигътæ, мигътæ, сау марг мигътæ
Уайынц ирд арвы кæрæтты.
Мигътæ, мигътæ, сау марг мигътæ, -
Сагъæс ахъардта нæ уæнгты!
Мигътæ, мигътæ, арв æмбæрзынц,
Уад йæ рыст хъистæй нытътъизы.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Кæмттæ, арф кæмттæ ныхъхъæрзынц,
Зæхх æмризæджы нырризы,
Быдыр, урс хæхты цыргъ тигътæ, -
Иууыл баззадысты джихæй.
Арв ныннæрыд, арв ныннæрыд,
Калы диссаджы цæхæртæ.
Арв ныннæрыд, арв ныннæрыд, -
Уæнгты ахъарынц йæ фæттæ.
Мигьтæ, мигътæ, ниуынц, тъизынц,
Лидзынц алырдæм фыртæссæй,
Куы кæрæдзимæ лæбурынц
Ризгæ - сонт арвы гæрæхтæй!
Мæнæ дымгæ, стыр тыхдымгæ,
Уый дæр сау мигътæм фæфæдис!
Мæнæ дымгæ, стыр тыхдымгæ, -
Уый дæр арвимæ - æмцæдис!
Æмæ уайы, сцæвы мигьты,
Цырд сæ апырх кæны арсау.
Сиды, асимы уый тигътыл,
Куы та февзæры сæ астæу.
Тоны, алырдæм рæдувы, -
Мигьтæ хауынц дард - фæзгьæртæй
Æмæ тохдзагьдæй куы нæрынц
Далæ арф кæмтты дæрæнтæй.
Арв та ноджы тынг ныннæрыд,
Æмæ мигьтæ дæр ныхъхъæрзынц.
Хæхтæ, стыр хæхтæ ныццудынц,
Мигътæ, сау мигьтæ ныккæуынц...
1941 азы 19 август
12
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ХУРМÆ
Худгæ худгæ хур,
Радзур, радзур мын:
Ды кæм фæхæтыс
Бон-изæрмæты.
Цæмæй сагъæстæ
Рохы аззайой
Æмæ цæссыгтæ
Рустыл ма кæлой.
Æз мæ сонт бонты,
Оххай, бампылдтæн,
Цæссыг - цæстыты,
Сæр ныдздзæгъæлтæ.
Кæм и ме ’фсымæр,
Йе мæ лымæнтæ? -
Ацу, агур сæ -
Судзынц сау тохы.
Кæд ныр афонмæ
Уыдон абухынц,
0, мæ лымæнтæ,
Туджы стыр зæйты.
Уæд, цæй, атон, цæй,
Риуы, сау зæрдæ!
Дардыл сонты туг
Тынг куыд анхъæвза!
Худгæ худгæ хур,
Радзур, радзур мын
Ды кæм фæхæтыс
Бон-изæрмæты?
Цæмæй сагъæстæ
Рохы аззайой
Æмæ цæссыгтæ
Рустыл ма кæлой.
1941 азы 24 август
т.
13
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
АБАЙТЫ ПЕТР
1925 - 1944
* * *
ÆМБАЛЫ МÆЛÆТЫЛ
Фæззыгон бон уалæ цъæх мигьтæ цæгатæй
Фæдисон хъæргæнæгау згьорынц, кæс-ма.
Мæ акъоппы бадын æз иунæг, æнкъардæй,
У саудалынг зæрдæ фыдуацæй нырма.
Сæрибары хæсты уыди уый фæразон
Æмæ йын йæ рæсугьд цард не скодта ’вгъау.
Фæндараст, фæндараст, лæудзæни, мæ уарзон,
Мæ зæрдыл дæ сурæт æнустæм нывау.
1943 азы январь
АРДАСЕНТЫ ХАДЗЫБАТЫР
1911 - 1968
* * *
НАНА
Йæ фырттæ сты Нанайæн хæсты,
Æмæ сæрыстыр у Нана.
Фæзæгъы: «Кусдзынæн сæ бæсты, -
Хъару мæм разындзæн нырма».
Æмæ кæд русы арф æнцъылдты
Æвдисы азты фæд йæхи,
Кæд ауызта йæ фырты фыртты,
Кæд халас адардта йæ хил,
Уæддæр нырма зæронд нæ хоны
Нана йæхи, - æмæ куыннæ! -
Йæхи ’дде ма æндæрты хоны
Йæ фæдыл колхозы куыстмæ.
Фæзæгъы: «’Фтауæм тых нæ тыхмæ,
Нæ куыстмæ февналæм цæрдæг,
Хæцгæ кæнæм фашистты ныхмæ
Æмæ нæй бадынмæ рæстæг».
" 14 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Æмæ йæ сæрбæттæн хæрзаив
Куы ’рбæтты дзыккутыл Нана,
Тындзгæ цыдæй куы фæцæйуайы,
Зæгъдзынæ уæд: чызг у нырма!
Нанаимæ ма ис æндæртæ,
Фæлæ уый се ’хсæн у цæргæс, -
Куысты кæстæртæн бар нæ дæтты,
Хæссы уæлдайджынтæй йæ хæс.
Йæ хæдзары дæр сисы зилдух, -
Кæм сывæллон, кæм карк, кæм хъуг, -
Цæмæ нæ бакæна йæ къух,
Гъеуый зæрдæхсаинаг у.
Бæстон - йæ куыст, бæлвырд - йæ бавнæлд,
Фæллад дын не схондзæн йæхи.
Нæ зæгъдзæни: нæма мæ равдæлд
Æмæ нæма фæдæн мæ ми...
Æз зонын, федтон æз Нанайы, -
Мæ сæрæй нал хизы йæ хуыз, -
Дзырдта мын уый: «Мæ куысты хайæ
Кæнын æз не ’фсадæн æххуыс,
Цæмæй фыдызнаджы фæсонтыл
Зыной мæ цæфтæ дæр бæрæг!..»
Фæлæ дæ кæд фæнды бæстондæр
Нанайы базонын æцæг,
Уæд æй йæ фыртты тыххæй бафæрс:
Цытæ фыссынц, куыд ысты, ’ндæр,
Æрмæст æм уæд дзæбæхдæр бакæс, -
Фæзындзæн цæстыты цæхæр.
Ныуулæфдзæни арф йæ риуæй
Æмæ зæгъдзæн: «Дæ фæндйаг уæнт,
Хæцынц нырма, фæлæ сæ иуæй
Æрæджы нал райстон гæххæтт...
16
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Зæгьин: цыдæр хъуыдцаг мæ ’мбæхсы,
Æмæ æргомдзырд уыд мæ фырт, -
Кæнæ сæ постхæссæг нæ бæззы,
Кæнæ йыл исты фыд æрцыд...
Фæлæ мæ кæстæр фырт дзæбæх у, -
Дзæбæх куы баззаид, бæргæ.
Германмæ бахæццæ йæ бæхыл
Ызнаджы фидæрттæ сæтгæ.
Æрæджы мын фыста мæхимæ -
Нанамæ худгæ хур æркаст -
«Фæцæуæм, - зæгъы, - мах Берлинмæ, -
Рæхджы æрцæудзæн не знаг саст!»
Нана йæ хъæбултыл æууæнды,
Уырны йæ: ’рцæудзæн саст Берлин!
Гъеуымæ кувы ацы бонты,
Гъеуыуыл у йæ куыст, йæ цин...
Æрхондзæн сыхбæсты йæхимæ,
Уыдзæн уый стыр цины æмбырд,
Æмæ сын радзурдзæн: «Мæ фырт
Джызæлы цурæй раст Берлинмæ
Хæстон æхсаримæ фæцыд!..»
1945 аз
АСАТЫ РЕУАЗ
1921 - 2007
* * *
БÆРЗБÆЛАСЫ ЦÆССЫГТÆ
Бомбæты бум-бумæй байдзаг и бæстæ,
Бадын бæрзæйсаст бæрзбæласы бын.
Сау саха растади, сау сынтау, хæстæй,
Зæххы зæрдæмæ зæрдæйæ кæсын.
"17
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Зæххы рызт, зæххы хъæрзт, зæххы уынæргъын
Гъеныронг афтæ нæ хатыдтæн æз.
Зæххы æмбарын - цы куры, цы зæгъы, -
Хæст ыл æруагъта йæ азары уæз.
Исчи, цы фæдæ? 0 дон ма мын авæр, -
Зæххыл, мæ ныййарæг мадау, тыхсын.
Райгуырæн бæстыл цæрынхъуагæй амæл? -
Ма банхъæл, ма, мæ бон, уымæй тæрсын...
Æйтт-мардзæ, тæвдæй сæнттæ цæгъдгæ сыстын...
Галиу цонг, галиу зæнг фесты дыдагъ.
Гыцци, дæ хъулон хъæбулы цæстыты
Цадæг фæхуыссы йæ царды цырагъ...
- Хъуа-хъуа-хъуа! Хъуамæ дæ бахæрон абон, -
Бæласы сæрæй æруасыд бынмæ
Стонг æмæ саузæрдæ сау-сауид халон, -
0 æна, чи зоны, хъавы мæнмæ..
Уалынмæ арвæй дыууæ ’ртахы ’рхаудта
Мæнæ мæ дыууæ цъæх цæсты къуырфмæ,
Базмæлыдысты мæ цæстыты хаутæ,
Тас мын кæд нал уаид гъеныр куырмæй...
Чи зоны, февзæрд мæ уæлхъус ныййарæг
Æмæ мыл сæмбæлд йæ хъарм цæстысыг,
Фæлæ нæ хъуысы зæрдæхалæн хъарæг, -
Æйтт-мардзæ, ссудзы та зæрдæйы зынг.
Фыртæвдæй сонт риуæй зæрдæ ысцæйхауд,
Фæлæ мæ раздæхта уыцы æртах.
Ме ’нгуылдзтæй асгæрстон бæрзы бындзæфхад,
Цæстмæ фæкомкоммæ рухсы æндах...
Цадæг ыскастæн, гæзæмæ ысуыдтон -
Бæрзы цонг бомбæйы цæфæй æрсаст.
Гъеныр æй бамбæрстон, уый мыл кæй куыдта, -
Бæласы хъæдгом мæм дондзастæй каст...
18
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ЗАРÆГ МÆ ХÆСТОН ДИВИЗИЙЫЛ
Кадцжын дивизийы стæрты æхсардзинад,
Не сгуыхт æмхæстонты ард,
Карз тохты райгуыргæ тугæй хæлардзинад
Зонын - дæ рæнхъон салдат!
Урссæр Кавказ, уæд Кубаны цъæх тыгъдæттæ
Дарынц сæ зæрдыл нæ тох.
Сау денджыз æмæ Дунайы цъæх уылæнтæй
Сыстадис арвæмбæрц хох!
Карз тохты ’рхаудысты не ’мбæлттæй бирæтæ,
Фесты æвзонгæй зынгхуыст.
Не знæгтыл уый тыххæй уагътам ыздызæйтæ,
Кодтам джебогъы рæхуыст!
Не ’рдхæрдты мысæм фæндагыл зæрдæсудзгæ,
Фынгыл фæкæнæм сæ кой:
- Цæй-ма, æфсымæртæ, слæууæм æнæсдзургæ,
’Мæ сын ыссарæм сæ ном!
Зарын нæ полчытæ æмæ дивизийыл,
Макуы фæцуда сæ кад.
Сахъ риуты абон дæр бардзырд нæ фидийы:
Карз тохмæ - размæ, салдат!
Хæсты нæ дивизи расгуыхт лæджыгъæдæй
Æмæ Берлинмæ ныццыд.
Уалдзæг сабырад æрхаста нæ дзыллæтæн,
Не ’фсадæн - кад æмæ цыт!
19
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ÆЛБОРТЫ ХЪАЗМÆХÆМÆТ
1922-1942
СИДТ
Æрра куыйты ыстигъæг бал
Æрбабырста нæ бæстæм.
Гъей! Гъей! Цæрдæгдæр, сахъ æмбал,
Æрбабæтт, цæй, дæ гæрзтæ!
Гъæйтт, размæ! Зарды азæлдæй
Ызнаг дзыхъмард куыд фæуа!
Нæ хъару æмæ не змæлдæй
Уæларвмæ дур куыд хауа!
Нæ зæрдæтæ - æндонæй уагьд.
Æхсонæй конд - нæхæдæг.
Кæс-ма! Кæс-ма! Нæ разæй та -
Нæхи парти, нæ фæтæг!
Ызнаг лæбуры бирæгьау,
Ызнагæй мах нæ тæрсæм.
Æмхуызонæй йын иу лæгау
Мæлæт,
мæлæт
фæхæссæм!
1941 азы 12 июль
БАЛАТЫ ТЕМБОЛ
1912- 1995
ЦÆЙ, ФЕСТ РÆВДЗДÆР!
Цæй, фест рæвдздæр, мæ иубæстон!
Дæ хæдзармæ дын калм лæсы.
Цæй, фест рæвдздæр, дæ тых, дæ бон
Нардуатæй равдис карз хæсты!
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Цæй, фест рæвдздæр, дæ зæрдæ хынц
Ныфсæй, хæсгæ бæрзонд дæ кад!
«Ызнаджы ма ’рбауадз!» - зæгьынц
Дæ хъæу, дæ хо, дæ фыд, дæ мад.
«Ызнаджы ма ’рбауадз!» - зæгъы
Сæрибаруарзаг урс хох дæр.
Ызнаг нæм сау мæлæт хæссы,
Цæй, фезмæл, бахъуыд абон сæр!
Цæй, фезмæл, райс дæ æндон кард
Æмæ дзы кæн болатдзæгъдæн!
Фæдисмæ дæм фæсидт дæ цард, -
Уым хъуамæ сбæззай ды лæгæн.
Цы у дæ цард, куы дын айса
Ызнаг дæ бар, куы дын ысуа
Уый хицау, амæл уæд фæлтау.
Дæ мад нæ зæгъдзæн: «Уыд æвгъау».
Цæй фест рæвдздæр, цæрын дæ кæд
Фæнды, ныммар ызнаджы уæд!
Ныммар, цæмæй дæ хур кæса
Æмæ дын амæндтæ хæсса.
Хъæрзы нæ зæхх уæззау дæумæ,
Цæуы нæ сабиты хъæрзын.
Цæй, фест рæвдздæр, кæм дæ, фæзын
Хæстмæ, мæ иубæстон, хæстмæ!
1942 аз
МÆ РАИГУЫРÆН БÆСТÆН
Элеги
Цæй тар ысты бонтæ, - нынныгъуылд хур мигъы,
Зæхх ранæй-ран, царвау, чысылгай сæлы.
Нæу сабыр бæрзбæлас, - хи ’нæбары уигъы,
Кæцæйдæр фæлладæй æхсæрдзæн нæры.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Мæ зæрдæ йæхимæ æнкъарддзинад исы.
Мæ зæрдæ æмпылы, нынниуы дзы уад.
Фырмæстæй ыскъуыйы, дзыназы ’мæ риссы, -
Цы кæна, нæ зоны, нæ ары бынат.
Мæ райгуырæн бæстæ, цы кодтай, цы рцыди?
Цы бæллæх дыл ауад æнæнхъæлæджы?
Куы никæй хъыгдардтай, куы никæй сæр хъуыди
Дæу рагæй, уæд цард ныр цы ’рвитыс хъыджы?
Æппæт дæм куы уыдис дæ хъаруйы фæрцы.
Дæ хур æмæ мæйæ куы уыдтæ рæвдыд.
Цæмæн уæд дæ цæссыг æвæндон лæдæрсы,
Цæмæн у дæ каст уæд ныртæккæ бындзыд?
Фыдызнаг дæ риуыл фыддæрадæн кафы, -
Уым хъавы ныссадзын йæ чъизи ныхтæ.
Ысзыд и, лæбуры, ныххурхмæ дæ хъавы,
Фæлвары сæттыныл дæ рæзгæ тыхтæ.
Фæлæ уый нæ уыдзæн, фæлтæрд дæ ды рагæй
Сæрибары тохы, фыццаг хатт дын нæу.
Нæу ’нæсæтгæ де знаг. Хи равдис хъуыддагæй,
Ныццæв æй ахъаззаг, - уæлахиз у дæу!
1942 аз
ХЪÆБУЛЫ АРД
Ызнаг бырсы... Цъæх пиллон калы зæхх.
Фæбур ис хъæд. Нæй кæрдæгыл æртæх.
Арв дары сау, фæздæг ыл мигъау сбадт,
Æрцыд уæззау, тыхджын хæстæн йæ рад.
Мæ Ир, мæ Ир, мæ хур, мæ зынаргъ мад,
Мæ ныфс, мæ бон, мæ зæрдæйы лæууæн...
Ды схъомыл кодтай мæн, ды уарзтай мæн,
Ды мын лæвæрдтай алцæмæй дæр кад.
" 22 ’"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Дæ уарзтæн нæй кæрон. Æз ныр - дæ фырт,
Иры дзыллæйы фырт - дæттын дын дзырд,
Кæй хъахъхъæндзынæн дæу, мæ цард, мæ бон,
Мæ сырх туджы фæстаг æртахы онг.
1943 аз
АМ ХÆСТ ЦЫДИ
Ам хæст цыди... Ам знаг æрцыди саст;
Ам лæг уыдта, куыд сыгьди зæххыл арт;
Ам калди туг, ам хъазгæ хур нæ каст;
Ам тар уыд бон, ам зæрдæ кодта ’нкъард;
Ам уæлдæф рызт, ам калдта мæй цæссыг;
Ам уыд зындон, ам кодта буар æндзыг.
Ам арв нæрыд, ам кодта тугуарæн;
Ам карз уыд хæст, ам мардыл хаудта мард;
Ам хæлд къæдзæх, ам уыд æппæт дæрæн;
Ам ласта Терк фыдгулты мæрдтæ дард;
Ам кодта уæд мæлæт, цæвæгау, лыг;
Ам цинад лыгьд, æнхъæвзти дардыл хъыг.
Ам уыд тымыгь, фæлæ та ног ыстылд;
Ам хур бæрзонд - йæ рухсæй ’фсадгæ зылд;
Ам сулæфт зæхх, ам сулæфт арфæй риу;
Ам срайдзаст бон, ам схъæлдзæг ног нæ аз;
Ам базмæлд маргъ, ам бахудт хох Хъæриу;
Ам уигьы хи фырцинæй назбæлас.
Ам равдыста мæ Ир хъару, æхсар;
Ам знаджы р&з уый не ’ркъул кодта сæр;
Ам хъахъхъæдта йæ кад, йæ цыт, йæ бар;
Ам хъуысы ныр фæрнæй йæ зарды хъæр;
Ам нал у уый фæллад, æфхæрд, æнкъард;
Ам ног фыцы цæджджинагау йæ цард.
1944 аз
23
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
БАСИТЫ ДЗАХХОТТ
1917- 1941
* * *
* * *
Кæд не ссардтон дæ уарзон кастмæ
Кæсынæй рагбонты фæрæз,
Уæддæр, мæ бон, дæ буц æнгасмæ
Нырма мæхи рæвдауын æз.
Уæддæр, мæ бон, мæ лæппын зæрдæ
Дæу мысынæй нæ зоны цард.
Дæ фæлмæн худт, рæсугъд изæртæ
Нырма мæ риуы уадзынц арт.
Уæддæр, мæ бон, дæ хъарм ныхæстæ
Мæн тавынц хуры цæстау раст.
Мæ сонт зæрдæ дæ сайды фæстæ
Нырма нæма æмбары маст.
1940 аз
ТÆХУДЫ
Тæхуды, дзыллæйы кадæн
Фæндиаг ыссар ныр хъæлæс,
Йæ тæмæн сæрибардзинадæн
Цæхæркалгæ фидæнмæ хæсс;
Тæхуды, нæ дзыллæйы радæн
Зæрдæйы фаг равдис фæрæз,
Фæрнджындæрæй номдзыд хъуыддагæн
Йæ гуылфы хъуыддагæн ысбæзз;
Тæхуды, мæ уарзондзинадæн
Æвдисæн ныхæстæ ыссар,
Æнустæм дæ дзыллæйы кадæн
Нæртон лæгау зар æмæ зар!
1940 аз
~ 24 _
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
БАЛЦ
Рæсугьд райсом цинтæй
Æрвиты йæ сидт.
Бæрзонд хæхты синтæй
Цы ’рттывд кæны мит!
Цард - намысджын, радæй -
Сызгьæрин æнус.
Мæ саулохы уадæй
Мæ зæрдæ ныррухс.
Ыскъæфы мæ размæ,
Æдзæстхиз бырсы,
Йæ æвзонг æнгасмæ
Æвзонг туг фыцы.
Ныххуды мæ фæстæ
Тындзгæйæ чызгай.
Йæ адцжын ныхæстæ
Мæ дард балцы хай.
Нæ фидæн... Фæлгæсын...
Дари тынтæй - фæз...
Фæрнæй дын фæхæссын
Мæ уарзонад æз!
1940 аз
БАСИТЫ ДЗАМБОЛАТ
1924- 1944
* * *
НЫННÆР, МÆ ХУР, МÆ ФÆНДЫР
Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ фæндыр,
Бæрзонддæр сис нæ тохы бон дæ зарæджы хъæлæс!
Мæнæн мæ туг фæкалди, мæ фыцгæ туг, дæ тæнтыл,
Цæмæй нæ бæстæн бафидон нæртон фыртау йæ хæс.
&
25 ’
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ фæндыр,
Ныннæр тыхджын, куыд æрхъусой нæ быдыртæ, нæ хох!
Æгьгьæд у балцы цæуын нæ фыдæлты хæтæнтыл, -
Ныббырс, цæй, хæстмæ, сахъ фæлтæр, Фыдыбæстæйыл - тох!
Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ фæндыр,
Тæппудау тохы бамбæхсынæн ма бацагур къуым!
Ныззар дæ хæстон зарæг, мах фенкъуысæм дæ фæдыл,
Фæстæмæ тохæй чи лидза, уый фестæд цавдцур уым!
Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ фæндыр,
Æмризæджы куыд нырриза фашистон куыйты ’рдонг!
Æз ме ’хсаргард ныссадздзынæн цъаммар ызнаджы тæнты
Цæхæркалгæ, æгъатырæй йæ сау фистоны онг.
Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ фæндыр,
Бæрзондцæр сис нæ тохы бон дæ зарæджы хъæлæс!
Мæнæн мæ туг фæкалди, мæ фыцгæ туг, дæ тæнтыл,
Цæмæй дæуимæ бафидон Фыдыбæстæн йæ хæс.
ЗЫМÆГОН ФÆНДАГ
Ниуы дымгæ, хъусты уасы,
Мит фæлдзæгъдæнтæ хæссы.
Салд бæлас ныллæг æртасы,
Бон мæм ирдхуызæй кæсы.
Фæндаг - даргъ, æнæ кæронæй,
Цæст æм нал тæры кæсын.
Ехх, мæ бæх, æлвæст идонæй
Уай, фæраз та мæ хæссын.
Дæу, мæ бæх, æз бирæ уарзын.
0 дæуæй хуыздæр кæм уа?
Былтæн уазал дымгæ адцжын
Судзгæ акæны йæ пъа.
Уай, уæдæ! Хъус, дымгæ уасы,
Мит фæлдзæгъдæнтæ хæссы.
Салд бæлас ныллæг æртасы,
Бон йæ салд цæстæй кæсы.
1943 аз
ч
"26 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
НÆ ЗАРÆГ
О сфæйлау, зарæг, тохы гуырд дæ!
Эфирмæ уадау тæх.
Мах - Революцийы фырттæ -
Ысфæлдахдзыстæм зæхх.
Совцæдисæн - тыхджын рацыд,
Æнæкæрон - йæ ас.
Æхсæз æмæ ыссæдзаздзыд
Октябрь, ’рцу æгас!
Уæззау рæстæг, тымыгъ хæсты
Фæздæджы зилдухы,
Дæуæн исæм, дæуæн, нæ хур,
Дæ дыууæ хъарм къухы.
Цъаммар гитлерон сау зынтæн
Сæ цæстытæ ыскъах.
Гъей, размæ, размæ абырсæм,
Уыдзæн уæлахиз мах!
Нæ сæрибар нæ ратдзыстæм,
Нæ ратдзыстæм нæ цард.
Фашистон куыйтæ ’рцæудзысты
Советон зæххæй тард.
Рæсугъд Цæдис - Фыдыбæстæ -
Цæрæд æмæ цæрæд!
Мæлæт - фашистон бырсджытæн!
Мæлæт фашизмæн уæд!
Ныппырх кæндзыстæм сау мигъты,
Ныууигъдзыстæм зæхх, раст
Нæ уынджы дæр къæрццæмдзæгъдæй
Уыдзæн, уыдзæни хъазт.
ХÆРЗБОН
Хæрзбон зæгьын. Нæ сæрмæ зилы сау мигъ.
Нæ хъæу æмырæй доны был лæууы.
— 27~~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Кæс-ма, чызгай, у мæнæ уый сымах тигъ, -
Æдцæмæ ам ыстыр фæндаг цæуы.
Ыстыр фæндаг ыстыр бæстæмæ ацыд,
Кæцыран хæст æнæнцойæ цæуы,
Кæцыран зæхх ызнæгты мастæй басыгъд
Æмæ кæуы сæ къæхты бын, кæуы.
Цæуын æз уырдæм, тохы арт кæм судзы,
Кæм кæны хуры топпы фæздæг тар.
Ызнæгтæм рагæй сонт зæрдæ рæмудзы...
Æрцыд рæстæг. Ысластон æз мæ кард.
Ды ма тæрс, ма, мæнæн, мæ дуне. Тохы
Нæ бæстæйæн æрфидцзынæн йæ хæс
Æмæ дæумæ нæ Уæлахизы боны
Сæрыстырæй æрыздæхдзынæн æз!
НЫФС
Ды дæ м’ амонд мæнæн, м’ амонд, сау чызг,
Талынг æхсæв цы фæкурыс ды?
Йе фынæйæ дæ хус былтæй базыл
Сабыр фынты цы фæдзурыс, цы?
Æви хуры фæлмæн тынты хъал уынд
Райсомраджы нæ тавы дæ риу?
Æви стыхстæ, кæддæрты куыд зарыд,
Афтæ хъæлдзæг кæй нал зары цъиу?
Ма тыхс, ма! Циу æнкъард æмæ сагъæс?
Сонтæй ма кæн дæ зæрдæйæн низ.
Бонты фарнмæ ныры цæстæй ма кæс,
Фæлæ мæтæй дæ рæзгæ риу хиз.
Ма тыхс, ма! Тагъд уæлахиз æрлæудзæн,
Тагъд кæрæдзийы фендзыстæм, тагъд.
Уæд æгас хъæу нæ куывдмæ æрцæудзæн,
Дардмæ хъуысдзæн нæ фæндыры цагъд.
1944 аз
%
28 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
* * *
Хъæу...
Фæздæджы зилдухæнтæ...
Хъæр...
Цъæхахст...
Æлгьыст...
Уынджы туджы кул, пырхæнтæ...
Додойаг æвзыст...
Сау фæнычы дымгæйы фу
Хæхтырдæм хæссы.
Бон æнкъардæй обауы цур
Сыгъд хъæумæ кæсы.
Хъæу æрсабыр.
Афтид къултыл
Сау ала лæууы...
Хъæуы æдце доны былтыл
Хæст нырма цæуы.
ДИДИНÆГМÆ
Хъаз, худ уал, дидинæг, фæлмæнæй,
Уæрæх дæ цъæх сыфтæртæ хæсс.
Дæуæн дæ рæсугъд хуыз, тæмæнæй
Нæма, нæма бафсæстæн æз.
Нырма нæма фенцад йæ тынгæй
Налат ызнæгтимæ нæ хæст.
Мæ кард нæма ’руазал йæ зынгæй.
Æрцъынд нæма комы мæ цæст.
Мæ риуы мастæн нæй ныккæнæн,
Мæ размæ - карз тох æмæ арт.
Дæуæн цъæх хæрдгæйæ - дæ цæрæн,
Мæнæн та хæсты у мæ цард.
Хъаз, худ уал, дидинæг, мæ уарзон,
Уæрæх дæ цъæх сыфтæртæ хæсс.
Цытджын уæлахизимæ райсом
Дæумæ æрыздæхдзынæн æз.
1944 аз
М
к
"29
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ÆНÆФЫСТ ЦЫРТ
Æз федтон цырт, æнæфыст цырт нæ фæзы,
Рæсугьд нæууæвæрд ингæны сæр уыд.
Цыдысты адæм фæндагыл йæ рæзты
Æмæ-иу ам фæсабырдæр сæ цыд.
Æрбацыд цыртмæ урсзачъе зæронд лæг,
Йæ сау худ систа. Фемырæг и бон.
Æмæ ызгъордта суадæттау йæ мæллæг,
Йæ мæллæг рустыл цæстытæн сæ дон.
Нæ зоны уый æфсæддоны хæстæгмæ,
Йæ цыртыл ном æмæ мыггаг фыст нæй.
Æрмæстдæр зоны: ингæны мыггагмæ
Фынæй кæны хъæбатыр гуырд, фынæй...
1944 азы август
АДÆМЫ МАСТ
Æхсæв тайы боны рухсы ныхмæ,
Хæхты сæрмæ хуры цæст ыскаст.
Карды цæфтæй знаджы риу ныкъкъуыхтæ,
Сæфынц хæсты, карз хæсты йæ тыхтæ,
Исынц уымæй сахъ адæм сæ маст.
Адæм - фидар. Ныфс, хъару - æххæстæй,
Арвыл сау мигъ мах цæфтæй тæрсы.
Знаг йæ мæлæт банкъардта нæ дзæхстæй,
Æмæ лидзы, тугкалгæ йæ фæрстæй,
Судзы арты, абухы, хъæрзы.
Тар æхсæвы рабадынц нæ мæрдтæ
Æмæ додой удхортæм кæнынц.
Сризынц уынгты ауындзæн бæндæнтæ,
Сыстынц судзгæ сау фæнык хæдзæрттæ
Æмæ знæгтæн сау æлгъыст кæнынц.
Нæй ныббарæн бæстæйы æфхæрдæн! -
Сау фыдгæнæг, фесæфæд дæ сæр!
Адæмы маст - дунейæн æрдхæрæн,
30"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Адæмы маст басудздзæн дæ цæрæн,
Адæмы маст - арт æмæ цæхæр!
Æхсæв тайы боны рухсы ныхмæ.
Хæхты сæрмæ хуры цæст ыскаст.
Арвы цъæхы ахъардтой йæ тынтæ,
Уый уæлахиз рацæуы нæ сыхмæ.
Тагьд нæ уынджы - стыр куывд æмæ хъазт!
1944 аз
БИЛАОНТЫ БАРИС
1921 - 1943
* * *
ФЫЦЦÆГÆМ МАЙ
Нæ уарзон Май,
Фæмысы дæу
Мæ райгуырæн, мæ бæстæ,
Йæ цъæх быдыр, йæ хох, йæ нæуу,
Йæ худæндзаст бæлæстæ...
Кæд райсом сау ызнаг бырса
Æд топп, æд кард, æд гæрзтæ.
Уæд æз нæ тохы тырыса
Бæрзонд хæсдзынæн хæсты.
Зæгъдзынæн фæстымыгъ дæуæн:
«Нæ Май, мæ бæхмæ ’рбахиз.
Фыдгултæ нал ысты сæрæн,
Нæ къухты и Уæлахиз!»
32
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
БОЦИТЫ БАРОН
1901 - 1944
* * *
ИРЫСТОНМÆ
Мæ зынаргь Ирыстон, мæ уарзон Ирыстон,
Дæ рынтæ бахæрон, чысыл мын ныббар.
Æз сонтæй зæрондмæ дæ зæххыл фæкуыстон
Æмæ дын мæ фæллой фæкодтон хæлар.
Цæй фæллой, зæгьдзынæ, хъуамæ, æмбарын.
Уæд та дæм фæдардтон хъæбулы зæрдæ,
Æмæ дыл мæ зæрдæ æфсымæрау дарын,
Мæ ныхас кæй бахъардзæн абон дæумæ.
Кæд иунæг æвзæр хъуыды хастон æмбæхстæй
Мæ цардæн йæ бонты, Ирыстон, дæуæй,
Уæд туджы суадæттæ уайæнт мæ фæрстæй,
Уæд æнæхай æрбауон мæ Иры зæххæй.
Æхсæвæй уа-бонæй, Ирыстон, дæ фарнæн
Нывæстон сызгьæрин зæлдаг хæлттæй тын,
Мæ тыхтæ лæвæрдтон дæ амондцжын цардæн
Æмæ дын мæ уæхскмæ фæисын дæ зын.
Цæмæн мæм фæзыны уæд ахæм уарзонад,
Цæмæн-иу дын загьтон: «Мæ цард дын дæттын»,-
Уадз хохæй быдырмæ уый Ирыстон зонæд,
Æз дын æй æргомæй хъæбулау зæгьын:
Æз уарзтон дæу бирæ, мæ Ирыстон, бирæ,
Цæмæй ды кæнай-иу нæртон сæрæн аргь,
Цæмæй ды æгаддзинад ма ’руадзай Ирмæ,
Цæмæй дыл фыдгæнæг нæ сæвæра уаргь.
Цæмæй ды фæцæрай дæ райгуырæн бæсты
Зæрдæйы фаг хъæлдзæг, фæрнджынæй дзæбæх,
Цæмæй ды уæгьдибар дæ фидар къабæзты
Сæрибарæй исай, цæргæсау, уæрæх.
"33 "
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Цы бирæ цæрæнхос дын радта нæ фæтæг,
Цæмæй ды гъеуымæй хорз аразай цард,
Цæмæй дыл тыхы бон ма уа тыхгæнæг,
Цæмæй йын йæ зæрдæйы бацæвай кард.
Кæд уарзыс сæрибар, уæд ма тæрс мæлæтæй,
Мæлæтæй тæрсæгæн сæрибар цард нæй,
Дæхæдæг-иу акъуыр дæхи сæр фæрæтæй,
Ды тохæй куы здæхай мæлæты тæссæй.
Цæй тыххæй ма уарзтон уæд хурау дæу бирæ,
Цæй тыххæй ма уарзын ныййарæгау дæу?!
Цы номæй ма дзурдзысты дзыллæтæ Ирмæ,
Ирон лæг куы нæ зæгъа знагæн: «Æрлæуу!»
Фыдгулы сау зæрдæ куы нæ скæрдæм кардæй,
Куы нæ йæ ныккæнæм нæ бæстыл дæрæн,
Уæд не знаг хынджылæг фæкæндзæн нæ цардæй
Æмæ нын нæ зæххыл нæ уыдзæн цæрæн.
Нæ уыдзæн уый никæд! Мæ уарзон Ирыстон,
Фæлтау мын цæрдудæй мæ зæрдæ ыслас,
Цæмæй æз фыдгулы фыдракæнд нæ хъусон,
Цæмæй йыл нæ кæуа нæ урссæр Кавказ.
Хъæдцых лæуу, мæ бæстæ! Æрымыс ды Нарты -
Фыдвæдæй æвæды хуыдтой-иу хуыздæр.
Уæлæхох куы суай ды уысмы бæрц дæ бартыл,
Уæд фесæфæд хæсты дæ мастæй мæ сæр.
Цом размæ, Ирыстон, æз тохмæ дæм сидын, -
Фыдæлтыл куы ничи тых кодта тыхæй.
Сæр бахъуыди абон сæ кадджын хæс фидын,
Фæстæмæ ыздæхæн нæй, нæй æмæ нæй!
1942 аз
ч
34
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
БÆГЪИАТЫ ЛАДЕМЫР
1923- 194(?)
* * *
ÆФСАДМÆ
Фæстаг хатт ма дзурын уæлбæхæй мæ мадмæ:
Ныфс дæ уæд, ныййарæг, мæнæй.
Фæцæуын, фæцæуын нæ кадцжын æфсадмæ,
Цæрут-иу мæ фæстæ фæрнæй.
Уынгæджы бон искуы куы бамбæхсон барæй,
Куы не сласон кæрддзæмæй кард,
Гъеуæд мын уæ буц рæвдыд акæлæд маргæй,
Гъеуæд-иу мын фенут мæ мард.
Дзырдтой-иу мын арæх: «Уарз мадау дæ бæстæ...»
Уæ фæдзæхст æххæст уыдзæн, зон.
Цæй, хорзæй мын баззай, Ирыстон, мæ фæстæ.
Æз араст дæн балцы... Хæрзбон...
БÆЗЗАТЫ КАВКАЗ
1920- 194(?)
* * *
МÆ ЛИРÆ
Хъæлдзæгæй зары мæ райгуырæн бæстæ,
Цины хъæр ног бæстыл азæлы дард.
Раивтам ивгъуыд фыдцарды фæрæзтæ,
Сомбон рæсугъдцæр уыдзæни нæ цард.
Зæлы мæнæн дæр мæ уадындзы зарæг,
Тынгдæр куыд нæра Фыдыбæсты кад.
Абоны рухс дуг ызнæгтæн сæ марæг, -
Тохы цæттæ у сæ ныхмæ мæ кард.
35
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
БÆРОЙТЫ ДАУЫРБЕГ
1918- 1943
* * *
ЦÆРГÆСТÆ
Уæлæ арвы
Тарцъæх арфы
Зилы сахъ цæргæсты бал.
Уыдон кастæй,
Уыдон хъазтæй
Зæрдæ нал æфсæды, нал.
Мигь нытътъизы,
Дардмæ лидзы,
Хурæн нал у уымæй тас.
Сырх цæргæстæ -
Й’ алывæрсты
Сты къæрцхъус æмæ цырддзаст.
Райдзаст бонты
Хуры цотæн
У нæртон сæ тых, сæ зонд.
Зæрдæ цинæй
Рогдæр цъиуæй
Цæргæстимæ стахт бæрзонд,
БЕКЪОЙТЫ АМЫРАН
1916- 1942
* * *
* * *
Æвзист цæлхыдзагæй цъæх арвыл
Ысленк кæны сабыргай мæй.
Хæрдгæ тынтæ нывæнды дардыл,
Ныссабыр æрдз, кæны фынæй.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Сызгьæрин цырæгъты бардз судзгæ
Æрттивы рухс фурды бынæй.
Зæрин æхсырвæндагыл худгæ
Фæсимынц Авд хойы рæнхъæй.
Фæлмæн изæрон уадымс хъазы,
Уый халсартæн хæссы сæ тæф.
Сырх мæнæуты лыстæггай фасы
Хæххон цъæх цъититы уæлдæф.
Æмæ кæм дæ, мæ къай, цы фæдæ?
Æрцу... Нæ доны был æрбадæм.
Зæгъæм кæрæдзийæн нæ фæндтæ,
Кæрæдзимæ нæ къухтæ радтæм.
1939 аз
БЕСАТЫ АМЫРХАН
1917- 1942
* * *
ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР
Мигь-æфсургъыл хатти
Бон-изæрмæ хур,
Фырфæлладæй ’рбадти
Уаза-хохы цур.
Комы хъæд æнкъардæй
Сау фынтæ уыны.
Уазал цæстыхаутæй
Ирд цæссыг зыны.
Саударæг быдырты
’Взистхуыз дон бырсы,
Йе ’нусон хъуыдыты,
Æрдз æнцад хуыссы.
37
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ХÆСТОНЫ ЗАРÆГ
Сиды нæм нæ мад - нæ бæстæ:
Чи у, чи, хæстхъом, -
'Рбæттæнт иууылдæр сæ гæрзтæ,
Знаджы ныхмæ цом!
Мах фыццаг хатт не стæм тохы,
У нæ кард болат.
Ир-кæмтты, быдырты, хохы
У нæ фезмæлд арт.
Мах фыдгулы риу ыскæрдæм,
Ссыгъдæг кæнæм зæхх,
Цагъайраг ыссæст дзыллæтæн
Раттæм бар уæрæх!
1941 аз
БУЗОЙТИ КЕРМЕН
1921 - 194(?)
* * *
ТАЛИНГИ
Талингæ тар мегъти
Сау хуæнхти циргъитæ
Таунцæ римæхсгæ сæхе.
Зиннуй ма се ’хсæнæй
Лæнцауи æнгæсмæ
Æносон цъæх айнæг цъете.
Цауæйнон риндзæбæл,
Сау лæгæти дуармæ
Цæхæрбæл фезонæг кæнуй.
Дæлайнæг бæрзбунæй
Саугурм уг бæласæй
Исдугмæ хебари кæуй...
38 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ирæфæн æ дзæфхъу
Изæрон уадусмæ
Æрдзæбæл изолмæ хæссуй...
Фиййæутæн сæ куйтæ
И ’ндзæрæй рæйунцæ,
Се згули уæлхæрдмæ цæуй...
ГАФЕЗ
1913- 1983
* * *
ÆЗ УАРЗЫН
Æз уарзтон мæ мады мæхицæй фылдæр, -
Цы хъæбул нæ уарзы йæ мады!
Йæ мысын, йæ коймæ мæ цæссыг ныр дæр
Йæ кулвæд мæ уадултыл уадзы.
Фæлæ йын йæ уарзтæй æнæ хай фæдæн:
Æз баззадтæн сидзæр, æвæгæс;
Нæ комбæсты ’взонгæй къæбæргур зылдтæн,
Мæ хæлцыл цыдтæн æз рæгъаугæс.
Æзгъæлди мæ цæссыг, мæ сонт зæрдæ рыст,
Уыдтæн иппæрд адæмæй, цардæй,
Мæ сагъæс, мæ фыдрыст-иу никæмæ хъуыст,
Куы мыл худти алчи дæр хъалтæй.
Æрмæст мæ рæвдыдта, æрмæст мæ зыдта
Рæсугъд æрдз - мæ бæстæ мæ уарзта,
Нæ дуг мæ æдзухæй мæ мастæй хызта, -
Мæн мадау йæ хъæбысы хаста.
О Райгуырæн бæстæ, мæ цин у дæуæй! -
Мæ уалдзæг, мæ рухс бон дæу хонын, -
Дæуæй мын зынаргъдæр нæ уыд æмæ нæй, -
Дæу адæй хуыздæр ад нæ зонын!
39
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
0 Райгуырæн бæстæ, нæ тохы бон ныр
Дæу тыххæй дæттын æз æппæт дæр:
Мæ рухс зонд, мæ зæрдæ - æмхъисын фæндыр,
Нывонд дын мæ зæрдæ, мæ сæр дæр!
1942 аз
колхозон чызг
Цæй, колхозон буц рæсугъд чызг,
Де ’фсымæры цæвæг райс
Æмæ дзаг, æфсирджын хуымты
Мæн цæрдæг дæ разæй айс!
Мæнæ колхозон фæтæнты
Дымгæ симæнтæ кæны
Æмæ бур-бурид мæнæуты
Уылæн уылæны нæмы;
Мах сæ уалдзæджы сæ рæзын
Хъæлдзæг, райгæйæ тыдтам,
Мах сæ сæрды дæр рæвдаугæ
Цинæй, узæлгæ рывтам.
Æмæ абон дæр та иумæ,
0 мæ куысты ’мбал, мæ хо,
Райдайæм хæссын нæ уистæ,
Райдайæм кæрдын нæ хор.
Зонын, де ’фсымæр ис хæсты,
Ис мæнæн та уым мæ хо,
Тох кæй кæнынц ныр нæ бæсты,
Хъуамæ ма кæнæм уый рох..
Цæй-ма, рахæссæм, ра, даргъ уис,
'Хсарæй равдисæм нæ куыст
Æмæ тохы абон чи ис,
Раттæм уыдонæн æххуыс;
Уадз, сырх мæнæуты нæмгуытæ
Фронтмæ уылæнтау цæуæнт
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Æмæ адæмы фыдгулты,
Бомбæйау, фыдцæф кæнæнт.
Цæй, колхозон буц рæсугьд чызг,
Де ’фсымæры цæвæг райс
Æмæ зад хуымты дæ разæй
Мæн, цæрдæг лæппуйау, айс.
1942 аз
ДЫУУÆ БÆРЗЫ
Къуылдымыл зайы дыууæ бæрзы,
Дыууæ дæр - урсцъар, æвзонг,
Кæд ’мæ сыл дымгæ æрбахъазы, -
Базмæлынц мидбынат рог.
Уайтагьд кæрæдзийыл, уарзæттау
Атыхсынц, батæ кæнынц.
Дымгæ куы банцайы - фаззæттау
Дыууæ дæр буцæй кæсынц.
С ’алыфарс цъæх нæумæ, быдыртæм
Мидбыл фæхудынц чындзау,
Дари, цъæхфæлыст - сæ сыфтæртæй,
Цард сын адцжын у фынау;
Уалынмæ минæйы рахасти, -
Сæмбæлд сæ цуры фыдæн;
Иу бæрз дзы гомгæрццæй аззади,
Зæнг та - æфхæрд æмæ хъæн.
Цæфтæй æзгъæлдта йæ цæстысыг -
Тарфæй йæ рисыл куыдта...
Хатыд ын йе ’мбал дæр йе стыр хъыг,
'Фхæрæгау сабыр дзырдта:
«Уаих уай, уаих, ды, ницы дæр!..
Цæй-ма, цæуыл кæуыс, ау?!
Нал зоныс, махæн нæ уидæгтæ
Ногæй кæй уадздзысты тау?»
1944 аз
"41"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ЗÆРДÆ МЫСЫ
Бæстæ судзы мæ цæсты раз, -
Фæздæг мигьау ныббадт.
Хæсты стыр æмæ бирæ уæз
Уæнгтыл сихау ныббадт.
Фæлæ зæрдæйы сагьæстæ
Ничи бакæндзæн тар:
Мысы дард ранæй хохбæстæ,
Мысы уарзон хæдзар.
Ноджы мысы, кæд афонмæ
Мад кæрдзынтæ кæны
Æмæ сусæгæй й’ арынгмæ
Цæссыг рустыл кæлы...
Кæнæ иунæгæй пецы раз
Бады, мысы уый мæн.
Мысы... абон æртыккаг аз
Уый нæ зоны кæм дæн.
Зонын, зонын, мæ уарзон мад,
Ды кæй тæрсыс мæнæн,
Бон нæ арыс æрынцойад,
’Хсæв нæ кæныс фынæй.
Арæх хъæубынмæ рудзынгæй
Ды æдзынæг кæсыс
Æмæ алкæй дæр ме ’рцыдæй
Ды хынцфарстæй фæрсыс.
Гыцци, тагьд дæм æрцæудзынæн, -
Нæй дæ фыртæн мæлæт!
Æмæ батæй ныссæрфдзынæн
Æз дæ цæссыг дæуæн.
1944 аз
42
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ЦЫРЫХЪЫТÆ
0 мæ хорз цырыхъытæ,
'Нæихсигæ ут!
Хæхтæ, фæзтæ, дзыхъхъытæ
Тынг рагæй нæмут.
Сталинградæй Вислæмæ
У уæ фæд бæрæг.
Хастат-иу мæ цæхæрмæ,
Уарийау, цæрдæг.
Нал ис ахæм иу горæт,
Нал ис ахæм хъæу,
Сымах дзæбæх кæй нæ зонат,
Ма дзы уа уæ фæд!
Хæдзæрттæм та, хæдзæрттæм,
Хонын уæ кæд хъуыд?!
Алчи дæр уæ ’нæфæрсгæ
Къæсæрырдæм зылд...
Нал нæ хъæуы тынг бирæ,
Фæндаг та - лæгъздæр!
'Рмæстдæр ма Берлинмæ
Бауайæм рæвдздæр.
Берлины ма басгарæм,
Басгарæм æй тагьд:
Сталинградæй Берлинмæ
Баззайа уæ фæд!
1944 аз
Æз уарзтон дæу, сыгьдæг уарзтæй дæ уарзтон,
Мæ цард, мæ бон, мæ рагуалдзæг уыдтæ,
Æдзухæй дæ хæстон зæрдæйы хастон,
Кæмдæриддæр мæнимæ ды уыдтæ.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Дæуимæ æз, мæ хур, уыдтæн тыхджындæр.
Лыгьди мæлæт... Нæ зыдтон æз фæллад.
Бырстон æвзыгъд. Мæ хæст уыди ныфсджындæр,
Дæу тыххæй зæрдæ тохы гуылфы рад.
Æз уарзтон дæу: сыгьдæг уарзтæй дæ уарзтон.
Æз уарзын дæу сыгъдæг уарзтæй ныр дæр,
Фæлæ дæ уарзт нæ карз тохы кæй хастон,
Дæу уарзын ныр æз уый тыххæй фылдæр.
* * *
Цæвын, бырсын... Мæ кард тæмæнтæ калы,
Хæстон риуæй къæдзæхтæ дæр сæттын.
Мæ хорз хæдæхс зынджы цæхæр фæйлауы, -
Мæ фыдгултæн æгъос мæлæт хæссын.
Фæстох та уæд кæрон кæм вæййы цинæн,
Куы фæмысы салдат йæ сомы цард?!
«Фæуыдзæн хæст! Æрцæудзынæн нæхимæ...
Ызнæгтæ - саст... Ысгуыхт - Советон Кард!
Мæ мадау мæ мæ буц хъæубæстæ райсдзæн, -
Хъæбыстæ, батæ... Алцы хорз æгъдау...
Фырцинæй зæрдæ царвы къæрттау тайдзæн...»
0, уас фæуон дын ахæм уысм фæхъхъау!
1945 аз
ГÆЛУАТЫ АКИМ
1920- 1993
* * *
ХÆСТЫ БЫДЫРÆЙ
Фыссын дæм хæцæнæй, мæ уарзон,
Ды дæ дард хъæуы, æз - ам,
Фæлæ дæ сурæт ис мæ разы,
Кæны дæ уарзт мæ уæнгтæ хъарм.
44 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Уыдзæн та карз тох абон, Симæ,
У знаг налат æмæ тæссаг,
Фæлæ хæстон лæг, зон, сæхимæ
Æгадæй не ссæудзæн, фæлтау...
Кæм ыссау кæрдæг цъæх фæздæгæй,
Кæм кæлы ихуардау ызды,
Мах уым нæ цардхалæг ызнагæн
Йæ туг ныккалдзыстæм рæхджы.
Æз абон хъахъхъæнын мæ удау
Мæ бæстæ... Иу цард ис мæнæн, -
Нæ йын тæрсын æлгъаг тæппудау, -
Нывонд у райгуырæн бæстæн!
1942 аз
* * *
Арвы цъæх риуæй милуан тынтæ стъалы
'Рвиты, узæлгæ мæ риумæ бырсынц.
Гъеуæддæр зæхмæ сæ узæлд нæ хъары, -
Хурæй йæм рухс тынтæ цинад хæссынц.
Сауæрфыг, сауцæст мыл стъалыйау хъары
Йе ’нгас, йæ уарзонад бон уа-æхсæв,
Фæлæ мæ зæрдæйы дзуапп уый нæ ары, -
Риумæ æндæр хур æрвиты йæ тæвд.
1942 аз
ГУЛУТЫ АНДРЕЙ
1892- 1980
* * *
* * *
Хур абон фæллад у, йæ фыззыгон тынтæ
Уый арвæй æрвиты, æнкъард у йæ каст.
Сырсыргæнгæ згъæлынц бæлæсты сыфтæртæ,
Сæ хъарæг - сæ зарæг, сæ зарæг - сæ маст.
46 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Бæрзбæласы фале æз доны был бадын,
Йæ уылæнты згьордмæ æдзынæг кæсын,
Кæдæмдæр фæуайынц тызмæгæй, мæстыйæ,
Сæ масты хъæстытæ, хъæргæнгæ, хæссынц.
Мигь сыстад мæ сæрмæ фæтар кæны рухс бон,
Æхсæвау, нытталынг мæ зæрдæ мæнæн.
Мæ уæззау сагъæстæ нæ хизынц мæ сæрæй,
Мæ зæрдæйы мастæн нæй риуы хæссæн.
Æрбахъуызыд арвыл ызнаджы хæдтæхæг,
Нæ бæстыл дзагъырæй уый акæсы дард.
Зынынц æм бæрзондæй нæ хæхтæ, нæ кæмттæ,
Нæ сæрибар хъæутæ, æппæтæй нæ цард.
* * *
Æрæнкъард нæ бæстæ. Йæ митын пæлæзæй
Æрæмбæрзта дардыл хъызт зымæг нæ зæхх, -
Хъæдцаг сырд, пъæззыйау, æрбадти нæ риуыл,
Нæ райгуырæн бæстæн æрхаста фыдæх.
Зыд бирæгьтау зилынц тыхгæнджыты балтæ,
Лæбурынц, ыссæндынц, сæ къухтыл - нæ туг.
Æлгьыстаг - сæ тæрхон, æлгьыстаг - сæ фæндтæ,
Ныффидармæ хъавы цагъайраджы дуг...
Бæлвырд у мæ хъуыды: сæрибар Ирыстон
Нæ бакомдзæн никуы цагъары къæлæт!
Тыхгæнæг фæкæлдзæн, ныккæлдзæн йæ сау туг,
Йæхицæн, æнæмæнг, ыссардзæн мæлæт.
* * *
Нæ парти, Сырх Æфсад, нæ хурæмдых адæм!
Куы сын зоны дуне сæ хъару, сæ бон!
Ныррызти сæ цæфтæй тыхгæнæг фыдызнаг,
Ыссардта сæ цæфтæй йæ цардæн кæрон.
ы
47
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Фыдызнаг фæдæлдзæх, ныккалдта йæ сау туг,
Æсулæфыд бæстæ - мæ райгуырæн зæхх.
Хæл-хæлгæнгæ згъорынц нæ хæхтæй нæ дæттæ,
Нæ быдыртæ худынц, ныззары къæдзæх.
Зæрин хур нывæнды йæ царддæттæг тынтæ,
Нæ бæстæм, фыццагау, цъæх арвæй кæсы.
Тыхджын у зæрин хур, фæлмæн у йæ ракаст,
Уый фарн æмæ амонд нæ цардæн хæссы.
Фæцæуы бæрзæндтæм сæрибар Ирыстон,
Фæцæуы, фæтындзы, æрттивы йæ бон.
Йæ фæндаг уæрæх у, æгæрон - йæ цинтæ,
Нæ адæмы намыс - бæллиццаг, нæртон.
1943 аз
ГУТОНАТЫ ЗАУЫРБЕГ
1922- 194(?)
* * *
ХЪАМА
Гъей-та, гъа-та-ма,
Къухæй ауыгътон.
Æз мæ сау хъама
Къулыл сауыгътон...
Хъамбердиаты Мысост
Ме ’мбал, ма кæн, ма,
Худгæ ма кæ мыл:
Æз мæ сау хъама
'Рбастон м’ астæуыл.
У зæронд æгъдау
Хъама дарынад,
Фæлæ йе стыр кад
Сæфт куы нæма у.
Сар дæ сау къона! -
Дыстæ батылдтон
Æмæ сау хъама
Знагмæ батылдтон.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Уый куыд алмаси
Цыргь ыскодтон æй,
Хурх уый адасид
Раст йæ рæбынæй.
Дзаг куы бакодтон
Гилдзæй м’ автомат, -
Тохы абырстам
Знагмæ уайсахат.
Знаджы акъопмæ
Æз ныггæпп кодтон,
Уым мæ комкоммæ
Гансы ауыдтон.
Уарзон сау хъама
Даста гансыты, -
Уый нæ фæцъула
Знаджы ыстджытыл.
Ме ’мбал, ракæс-ма,
Знаджы басастон
Æмæ сау хъама
Фарсыл бабастон.
1944 азы 10 февраль,
Ленинграды фронт
ХÆСТОН ФÆНДАГЫЛ
Кæс-ма, мæ лымæн, ды
Æркæс!
Дæ цæст ма быдыртыл
Æрхæсс:
Ам немыцаг фашист
Уыди,
Ам карз тох, тугкалæн
Цыди!
49~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Кæс-ма, дæрæнтæй, кæс,
Лæууынц, -
Кæмдæр сæ мадæлтæ
Кæуынц,
Зыдæй сæ сау хъиутæ
Хæрынц...
Æркæс-ма фæндæгтæм
Дзæбæх, -
Æрцыди немыцыл
Бæллæх...
Фæлæ уал дзурынæн
Æгьгьæд, -
Ныр ам ис немыцы
Уæлмæрд!
Кæс-ма, мæ лымæн, ды
Æркæс!
Дæ цæст-ма быдыртыл
Æрхæсс!
1944 азы 20 июнь, Выборг
ГУЫТЪИАТЫ МАМЫТДЖЕРИ
1921 - 194(?)
* * *
ХУРЫСКАСТ
Сырх æрттивгæ,
Талынг ивгæ
Рухс хур хъæугæрон ыскаст.
Хуры хъармы
Уæлæ арвыл
Сау мигътæн сæ тых фæсаст.
Дымгæ симы,
Мигъты ссивы,
Хъуысы дæтты хъæлдзæг зард.
Арвгæрæтты
Сау мигъ гæрды,
Хъавы ракъахынмæ загъд.
50 ~~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Мигь, ды махæй
Загьд куы къахай,
Уæд нæ тых, нæ хъару зон.
Уый дыдзыхур
Нæу - тыхы хур:
Фидæн рухс кæны нæ бон.
ДАРЧИТЫ ДАУЫТ
1911 - 1989
* * *
УЫДТОН ÆЙ МÆ ФАРСМÆ
Хæсты бон тымыгьты цыдыстæм æвзыгьдæй,
Нæй, ничи нæ разынд нæ карз тохы цауд,
Фæлæ дын мæ фарсмæ фыдгулы нæмыгæй,
Йæ туджы мæцгæйæ, уæд ме ’мбал æрхауд.
Йæ рæзты мах размæ цыдыстæм тызмæгæй,
Кæй фæмард и не ’мбал, - бæлвырдæй зыдтон,
Фæлæ йын нæ тохы хъæбатыр хæцæгæй
Мæ фарсмæ йæ сурæт æдзухæй уыдтон.
УЫЙ ФЕДТОН ÆЗ
Уый федтон æз... Хæсты быдыры
Хуыссыд уæлгоммæ ’нцад,
Цыма йын йе ’рцыдмæ нæ касти
Йæ ныййарæг, йæ мад.
Цыма йæ цуры зæхх нæ сыгьди,
Цыма нæ уарыд зынг.
Цыма дын карз хæсты йæ риуæй
Нæ ахызти нæмыг.
Цыма та сыстдзæни фæстæмæ,
Хæстонтимæ цæудзæн
Æмæ фыдызнагæн йæ ныхмæ
Хъæбатырæй хæцдзæн.
51"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Фæлæ нывондæн кæд æрхаста
Нæ сæрвæлтау йæ сæр,
Кæсдзæн æм алы бон æнхъæлмæ
Йæ ныййарæг уæдцæр.
...Уый федтон æз. Хæсты быдыры
Хуыссыд уæлгоммæ ’нцад,
Цыма йын йе ’рцыдмæ нæ касти
Йæ ныййарæг, йæ мад.
САЛДАТÆН
Фыдгул нын нæ бæстæм ныббырста мæнгардæй.
Куы хъавыди байсынмæ махæн нæ цард,
Уæд йемæ хæцыдтæ нæмыг æмæ кардæй,
Уыдтæ ды нæ бæстæн йæ карз тохы ’хсар.
Ды хъахъхъæдтай махæн нæ хæхтæ, нæ фæзтæ,
Нæ тугдзых ызнæгты ныккодтай дæрæн, -
Бындзарæй ыстыдтай сæ уидаг, сæ хъæстæ.
Бæгьатыр хъæбул дæ нæ уарзон бæстæн.
МАЦЫ МЫН ЗÆГЪ
Æз æрцыдтæн а изæры,
Рагæй уыдтæн балцы.
Мацы мын зæгъ, уарзон чызгай,
Мацы мын зæгъ, мацы.
Хус сыфтæрау банкъуысдзæни
Адæргæй мæ зæрдæ,
Риу ныххойдзæн, арæмудздзæн,
Атондзæни фæрстæ.
Мацы мын зæгь, уарзон чызгай,
Хахуыр æмæ лазæй,
Исты, мыййаг, н’ асурдзынæ
Уый сурæт мæ разæй.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Æз æрцыдтæн а изæры,
Рагæй уыдтæн балцы,
Мацы мын зæгь, уарзон чызгай,
Мацы мын зæгъ, мацы!
ФÆЛÆ ЙЫН ЗЫНДЗИНÆДТЫ
БАСÆТТÆН НÆЙ
М.Максимовæн
Лæудзæн ма дæ зæрдыл: мах бадтыстæм иумæ,
Нæ сæртæн уæлæмæ ысдарæн нæ уыд.
Ныккастыстæм акъоппæй ставд тулдзы риумæ, -
Уый иу ран пæлæхсарæй фидар лæууыд.
Тыдтой йын йæ фæрстæ фашистон нæмгуытæ
Æмæ-иу йæхимидæг барызт тыхстæй.
Дзырдтай мæм: «Кæс-ма йæм, ызгьæлынц йæ сыфтæ,
Йæ къалиутæ хауынц йæ бынмæ сыгьдæй.
Нæмыг ыл куы суайы - рынчынау ныхъхъæрзы,
Цы уыдзæн уæззаудæр йæ фадæттæй, цы?!
Йæ уидæгтæ дардыл фæцыдысты зæххы, -
Йæ уарзон хъæбулау ыл сау зæхх хæцы.
Нæ бæстæйы хъысмæт дæр афтæ у, афтæ, -
Æвæдза, цы нæ уыны тохы зынтæй?!
Ыскодтой йыл йе знæгтæ иумæ уынаффæ,
Фæлæ йын зындзинæдты басæттæн нæй».
Лæудзæн ма дæ зæрдыл: мах бадтыстæм иумæ,
Нæ сæртæн уæлæмæ ысдарæн нæ уыд.
Мах кастыстæм акъоппæй ставд тулдзы риумæ, -
Уый иу ран пæлæхсарæй фидар лæууыд!
V
53
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ДАТИТЫ ДЗАНТЕМЫР
1917- 194(?)
* * *
МÆ РАЙГУЫРÆН БÆСТÆЙÆН
Мæ райгуырæн бæстæ,
Дæуыл у мæ зарæг.
Мæ худт дæр, мæ хъазт дæр,
Мæ цин дæр ды дæ.
Мæ уарзон ысхæссæг,
Куы хъæуон - фæдзур мæм,
Æдзухдæр дæ сæрыл
Дæн тохмæ цæттæ.
ДЕГЪУАТЫ АНДРЕЙ
1921 - 194(?)
* * *
УÆРÆХ БÆСТÆ
Рæсугъд быдыр, зæлдаг рæгътæ,
Уæрæх бæстæ, цъæх фæз,
Бæрзонд цъити, бæрзонд хæхтæ,
Уæ цинæй рæзын æз.
У рухс бæстæ мæ заринаг,
У рухс Цæдис мæ цин.
Мæ амонд дзы нæу аринаг,
Мæхæдæг ын - æфсин!
Кæсут ма ныр нæуæг дуджы
Куыд хъæлдзæг у нæ цард!
Куы азæлы нæ зарæджы
Нæ цинады кой дард...
Æнæкæрон - нæ фæндæгтæ,
Æнæкæрон - нæ бар!
Нæ быдырты - æфсæн бæхтæ,
54 ~~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ныззар-ма сыл, ныззар!
ДЖЕЛЫТЫ ХАЗБИ
1922- 194(?)
* * *
* * *
Тындзгæ, мæ зæрдæ, рухс бон агур.
Чызгай, дæ уарзт - мæ царды ’мбис.
Дæхицæй сау лæппуйы ма сур,
Нæ уарзт хæрамæй, мастæй хиз.
Ыстъалы, мæйыл дæ нæ барын.
Мæ зæрдæ дын - зæххон лæвар.
Цы домы рæстæг царды фарны, -
Сыгьдæгæй сæ дæ риуы дар.
Цæудзысты азтæ, рæстæг ивдзæн,
Фæлæ мæ уарзтæн ивæн нæй.
Æмæ дæуæй куыд фæуон хицæн?..
Мæнæн нæй ахицæн дæуæй.
ДЖИОТЫ ГРИС
1921 - 1943
• • *
ДИДИНÆГ
Дидинæг доныбыл
Байрæзти цъæх нæууыл, -
Ауагьта къабæзтæ даргъ.
Доны фæйлауæнты
Удцзæф ыл сæмбæлы, -
Базыртæ сисы куыд маргъ.
Зæрдæ йæ фенгæйæ,
Доны был бадгæйæ
Цинæйдзаг фесты æваст.
Уарзæтты зæрдæтæн
Уый у зæрдæрухсæн, -
55
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Йемæ ыскæнынц сæ хъазт.
Уалдзæг рæууон дымгæ
Хъазгæ куы радымы, -
Цадæг ын уигьы йæ сæр.
Зæрдæ йæ цингæнгæ
Риумæ куы ’рбалвасы, -
Цæст ма цы фендзæн хуыздæр?!
* * *
Цæй, сыстут, нæ фæсивæд, сыстут, -
Нæ Райгуырæн бæстæ нæм сиды.
Нæ лæппутæ, размæ, цы фестут! -
Знаг нæм къæлæтæй æвзиды.
Цæй, сыстут, цæмæй та æлдармæ
Нæ раттæм фæстæмæ нæ бартæ.
Нæ фæндаг у рухс фæндаг - цардмæ! -
Мах макуы уæм хъуамæ цагьартæ.
Цæй, сыстут, нæ фæлтæртæ, сыстут, -
Нæ Фыдыбæстæ нæм куы сиды.
Хъæбатыр хæстонтæ уыдзыстут, -
Уæ уæнгты сыгьдæг туг æхсиды.
ДЖУСОЙТЫ НАФИ
1925 -2017
* * *
ФЫДЫЗÆХХЫ УАЙДЗÆФ
Если дорог тебе твой дому
Если мать тебе дорога...
К. Симонов
Фыдызæхх, дæ уайдзæфы дзырд
Дæ хæстон хъæбулты æфхæры:
Сæрдасæны комау - æмыр,
Æхстæввонг нæмыгау, хъæбæр у.
56 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Кæмæн нæу йæ мады мард хъыг,
Зынаргъ нæ кæмæн нæу йæ хæдзар?
Кæй фæнды, йæ усы цæссыг
Фыдæфхæрдæй, тугау, фæтæдза?!
Кæй фæнды, йæ чысыл хъæбул
Йæ авдæны басудза арты,
Кæд лæгты нымады лæг у,
Лæджы худ дзæгъæлы нæ дары?!
Кæрон нæй нæ зæххы хъыгæн.
Нæ быдыртыл тугтæ дæр уары.
Кæн уайдзæф, нæ Фыдызæхх, кæн,
Уынгæджы бон чи вæййы барон!..
Мах исæм дæ судзаг ныхас,
Æрмæст дын куы ’рхæссæм уæлахиз,
Уæд-иу нæ дæ уайдзæфтæ айс,
Уæд-иу ныл зæрдæрухсæй атыхс.
1942 аз
ГЫЦЦИМÆ
...Зымæгон даргъ æхсæв... Картофæй конд уæдæрттыл
Æлвыстай къухтаг ды... Хъуыст де ’лхуыйы зыр-зыр...
Ды кодтай аргъæуттæ... Мæ сæр æркъул дæ тæрттыл...
Æмæ тымыгъ дуне дæ аргъаумæ ныммыр...
Ды кодтай аргъæуттæ... Æддейæ дымгæ ниудта...
Мæ цæсты раз лæууыд æхсон уæиджы ’фсæр...
Куыд адард уыцы дуг!.. Куы ’рцæуин, уæд æниу та
Фæхæссин, сабийау, дæ хъæбысмæ мæ сæр...
Дæлдзæх блиндажы мыл цал æхсæвы сбон и!..
Æваст куы фесхъиуы салдат лæгæн йæ фын,
Уæд ’рымысын, Гыцци, дæ аргъæутты кæрон-иу
Мæн дæр куыд фæндыди уæйыг лæппу уæвын!..
1943 аз
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
* * *
Мæ уарзон райгуырæн хæдзар,
Ныр ды рыг миты сагьд, тъæпæн дæ!
Кæны нæ кæмтты дымгæ сар,
Æвæры фæндæгтыл хъæпæнтæ...
Нæ цырагъ судзы, хæдзар - хъарм.
Нæ артдзæсты пыхс сугтæ - бардзæй,
Цыма нæ сау галæн йæ царм
Уым михтæй байтыгьдæуыд барæй...
Ды бадыс иунæгæй, нæ мад.
Нæ фыд - куыстдзагьд, ныххауы уаты...
Дæ цард дæуæн нæ кæны ад,
Уый æз мæ акъопмæ дæр хатын.
Мæ мæтæй урс кæныс, нæ мад.
Мæнæй дæ цæст нæ уарзы сомы.
Фæдæ Ыстырбонтæ нымад,
Фæлæ уый ме ’рцыдæн цы зоны...
Кæныс æгьуыссæгæй фæндтæ:
Цы кæнай сонт сабитæн авдæй?..
Дæ хистæр хъæбул ис æдцæ, -
Цыма дын авдæнхъомæй давд дæн.
Тымыгь... Мæйдар æхсæв... Хъызы...
Ысуынгæг сагъæстæй дæ зæрдæ.
Дæ рустыл цæстысыг хъуызы
Зымæгон саудалынг изæрты...
Сæрæгас дæн! Мæт ма кæн, ма,
Нæ мын ис бур рондзы æвдылæн!
Бæргæ дæм ацæуин, мæ мад,
Фæлæ салдат кæм у æвдæлон...
Мæ уарзон райгуырæн хæдзар,
Ныр ды рыг миты сагьд, тъæпæн дæ...
Кæны нæ кæмтты дымгæ сар,
Æвæры фæндæгтыл хъæпæнтæ...
1943 аз
~ 58
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
* * *
Гыцци, фыссыс, æвзæр фынтæ фæуыныс...
Дæ зæрдæ ’хсайы, - исты мыл куы ’рцæуа.
Фæкуыдтай мыл фыдуд æхсæв дæ фыны...
Тыхсты дуджы фын дæр вæййы æнæуаг...
Тыхст дæ, Гыцци... Фæцыддæ иунæгхæстмæ,
Ныр уал азы йæ хæдзармæ нæ зыны...
Сæрæгас дæн! Нæ мын у тас, æрмæст мæ
Ды ма ныгæн дæ фыны.
Æз та, Гыцци, куыд байхъусон дæ фынмæ,
Куыд ауадзон фыдхæцæны мæ уæнгтæ?
Кæм æвдæлы салдат лæджы мæлынмæ, -
Нырма уæлæуыл бирæ ис ызнæггæ!
1943 аз
* * *
Æртæ хатты мæ пъисыртæ ныгæдтой,
Фæкуыдта мыл æртæ хатты мæ мад.
Æрыздæхтæн æртæ хатты дæр мæрдтæй, -
Салдатæн, дам, дзæнæты нæй бынат.
Нæ дзы ис хæст - дзæнæт, дам, у улæфæн!
Зымæг, дам, дзы арахъ ныуазæн нæй.
Фæлæ, дам, цу, ирон салдат, дæ фæд-фæд!..
Æз дæр та-иу æрыздæхтæн фæрнæй.
Æтт, хорз æмгар! Ныр цыппæрæм хатт искуы
Куы баныгæнай иу акъоппы мæн,
Куы ныссæлой афтид хæдæхсы дискыл
Мæ мард къухтæ... Мæ сæфт куы нæ уа мæнг...
Уæдцæр-иу хон мæнæйуыйы ды цæрдтæй,
Дæ зæрдæйы салдатæн ма скæн хист:
Æртæ хатты, дам, чи ’рыздæхы мæрдтæй,
Мæлæтæй, дам, уый хъоды у, æрмист!
1$
~59—
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Василъ Одноволæп
Зарыс мын фæлмæн зарæг «Бæз хæрис...»
Афтæмæй мæ цæсты раз лæудзынæ:
Зарæг мын мæ уд адджын æфхæры,
Сабийау дæм хъусын æз æдзынæг.
Базмæлы бæзджын хæрис... Мæ зæрдыл
Уæд æрлæууы дард бæстæ, Ирыстон...
Уым лæппуйæ хæристы бын сæрды
Хосдзауты зæлдаг зарджытæм хъуыстон...
«Ой, уæрæйдæ, урс доны был рагæй
Сау фæрдыг æвæрд... Уæйтæ, уæрæйдæ!..»
Зарæг хъуысти фæтæнтыл зæллангæй,
Тади риуы сагьæссагæй зæрдæ ...
Уыцы бонæй абонмæ нымадæй
Дары уыцы зарджытæ мæ зæрдæ...
Чи зоны, уым ис мæнæн нырма дæр
Урс доны был сау фæрдыг æвæрдæй...
1944 аз
ДЗАДЗАТИ ХУСИН
1921 - 1942
* * *
* * *
Деденæг куд хонуй æхемæ
Мудубиндзи, дæтгæй ин æ муд, -
Гъе уотæ, мæ финст, ду дæхемæ
Æркæнæ кæсгути æмбурд...
1937 анз
РАЗМÆ, ÆМГÆРТТÆ!
Залиаг калм марг таугæ æрбалæст,
Раст адæмæн тугуарæн кæны.
" 60 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Судзы зæхх... Нæры, дзыназы сау хæст,
Арвмæ пиллон здыхсгæйæ кæлы.
Цом, лæппутæ, калмы ’взæгтæ сласæм!
У сæрибар не стырдæр хæзна.
Размæ, гъей, рæстдзинадуарзаг адæм,
Риза, уадз, æмризæджы ызнаг!
1941 азы 7 июль
ДЗÆХАТЫ ТЕМЫРХЪАН
1904- 1943
* * *
ХОСГÆРДÆГ
Ныр кæрдгæ, мæ цæвæг,
Лæгъзыты дзæбæх!
Хосгæрстæн æнæмæнг
Хицау систæм мах.
Зæхджынтæн-иу карстам
Ницæййаг мыздыл.
Кусæг уыд фыдаслам,
Уыд нымад куыдзыл.
Акæрд мын бындзарæй,
0 мæ цæвæг, цæй!
Кæрдæгыл зæллангæй
Футт кæ ныр фæрнæй!
Дауын дæ цæнгдыхæй,
Риуыгъын тыхджын.
Ног царды мæ куыстæй
Ныр дæн æз ныфсджын.
Уарзын ныр мæ дзаума,
Уарзын ныр мæ куыст.
У мæхи сæ пайда,
Нал дæн зæххыл тыхст.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Цæй, уæдæ, мæ цæвæг,
Дард хæссæм нæ уис!
Хуссары цъæх кæрдæг
Арф, бындзарæй ис!
ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ
1911 - 1985
* * *
сидт
Цы фестут, нæ хъайтар, цæхæрцæст фæсивæд!
Нæ амондцжын бæстæм æрбабырыд калм.
Цъæх арт ныл æндзары, нæ фæллой ыссивы,
Æгад нын куы кæны нæ дзыллæйы фарн.
Æтт, мардзæ, цæй размæ, æхсарджын хæстонтæ,
Уæ кæрдтæ уæ къухты ыскалæнт цæхæр!
Æрбалвасут тохмæ уæ хъал бæхты рохтæ, -
Нæ райгуырæн бæсты куы бахъуыди сæр!
1941 аз
ÆРЦЫДИ ТА УАЛДЗÆГ
Æрцыди та уалдзæг мæ акъопмæ,
Фæзынд та мæ джæбогъыл зынг.
Цымæ ды цы ми кæныс афонмæ,
Мæ царды æрттиваг фæрдыг?
Уæрдыс нымæтхуд - урс тинтычъи -
Зыны йыл дæ арæхст æрмдзæф.
Кæнид та мæ сæрыл ысчъил-ысчъил,
Хæссид мæм хæрз сатæг уæлдæф.
Бæргæ уыд дæ конд худ мæ хъалгæнæг,
Ныр дæр та нæ райсис мæ хъыг.
Ысмил æй кæндзæни хæсты фæздæг,
Йæ фарсæй ыскæсдзæн нæмыг.
~~ 63"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Нæ хъæуы, мæ дуне, ныууадз уал æй, -
Ам дарæм ызгьæр худ - æндон.
Уый хизы салдаты фыдадзалæй,
Куы та дзы фæныуазы дон.
Фæлтау ма дæ авдæнæмбæрзæн хыз
Хæрзчысыл дæлæрдæм фæзил, -
Нана кæд нæма ’рцыд, уæд уал æм æз
Ныккæсон, - куыд цæры мæ цин.
Кæддæра цы фарн ис йæ цæстыты,
Куыд рæзы нæ сомы салдат?
Куыд исдзæн фыдгулæй нæ мæстытæ,
Куыд хиздзæн йæ бæстæйы кад?..
* * *
Дард у мæ акъопп нæ Ирмæ,
Фæлæ йæм атахти сагьæс.
Гъей-джиди, фест ныр нæхимæ, -
Хъавгæ нæ фæрссагæй бакæс.
Уартæ мæ зынаргь ныййарæг
Исы нæуæг ахст цыхт къусæй.
Батад, æрдуйау ныннарæг,
Разынд йæ дадали урсæй.
Сысты, ныдздзæгьæл йæ хъуыды,
Къуымты фæцæйцæуы цъусгай,
Раст цыма фестади фыны -
Арынг æрысгары къухтæй.
Зæрдæ фырмæстæй ысдуды,
Уæнгтæ ныйисты æндзыгау,
Уадултыл цæссыг æртулы, -
Рухсмæ æрттивы фæрдыгау.
Бабыхс, мæ зæрдиаг, бабыхс,
Мæтæй дæ мæллæг уд ма мар.
" 64~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Знаджы тæвд нæмыгау ахызт
Де стыр цæстысыджы азар.
Карз хæст кæронмæ фæфæуы,
Зилы нæ сæрмæ уæлахиз.
Гыцци, рæхджы дæм фæцæуын, -
Курын, кæуын та-иу ма сис...
ФÆДЗÆХСТ
Кæд искуы æвзонгæй нæ тохы быдыры
Æмбойны ныххуысса мæ зынг, -
Куынæуал мæ феной мæ райгуырæн Иры,
Куынæ мыл æрхауа цæссыг, -
Уæд дын æз ныммæлон, мæ уарзон ныййарæг,
Ды саутæ куы скæнай, мыййаг,
Æмæ мын куы хъуыса æнæнымд дæ хъарæг,
Куы халай нæ цытджын æгъдау...
Уæд дын æз ныммæлон, мæ куырдуаты рæсугъд,
Мæ сурæт куы уына дæ цæст,
Уæд-иу мæм, кæддæрау, дæ мидбылты бахуд
Дæ сыгъдæг зæрдæйæ æрмæст.
Тыхджындæр-иу айваз дæ фæндыры тæнтæ, -
Фæлæудзæн уæд зæрдæйы маст,
Рæуæгдæр уыдзысты мæ ингæны къæйтæ,
Куы хъусон дæ зард æмæ хъазт...
Уæд уын æз ныммæлон, мæ уарзон æмбæлттæ,
Уæлахизы тохы кæрон
Цытджынæй уæ фынгыл куы уадзат тæурæгътæ,
Уæд-иу мын ыссарут мæ ном.
1941 аз
65
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ХÆЦÆНЫ
0, Гыцци, мæнæ æцæгæлон зæххыл
Сонтæй куы хуыссы мæ зынг.
Ахызт мæ риуы раст боны фæцъæхыл
Судзгæ гермайнаг нæмыг.
Тугæй ныхгæдта мæ зардамон хъæлæс,
Хатт ма ысдзурын дæ ном.
0, мæ ныййарæг, чысыл ма мæм ракæс,
Авæр мын иунæг хуыпп дон.
Гъей-джиди, иу мур дæ зæрдæйы хъармæй,
Науæд дæ цæсты æнгас,
Гъе мын куы ’рсæрфис мæ цæф риу дæ армæй, -
Фестид мæ хъæдгом æгас.
Ме знаг мæ кард-æхситт мысдзæн мæ фæстæ,
Гъе уæддæр зæрдæ у рыст:
Де стыр лæггæдтæ, Фыдыбæсты хæрзтæ -
Иууыл мын не сты, нæ, фыст.
Сау гæххæтт, сау сынтау, атæхдзæн Ирмæ,
Абаддзæн не стыр кæрты:
«Исты мæ фыртæй...» - систай йæ ризгæ,
Калмау дæ къухы тæлфы...
Зонын, дæ ниуынмæ хæлдзæн къæдзæх дæр, -
Не ’мбæлы афтæ кæуын...
Зæрдæ кæндзæни фæркгай,
Табу дæ фарнæн... дæ куырдуаты кæстæр...
Хо дзы æнустæм зæгьын.
Амæндты хуыздæр йæ хай.
ЦÆССЫГ
Изæры фæмилтæм фыдкарз хæст фæци,
Æрдз бамыр, ызмæлæг дæр нæй.
Сырх туджы уылæнты куы надта йæхи
Былкъахыр, æфсæрмдзæстыг мæй.
8^г
66—
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Йæ цæфыл хæцгæйæ, цъæх обауы раз
Æвзонг гуырд йæ фарсыл бырыд.
Йæ сæнттæ цæгьдгæйæ, уый кодта ныхас,
Хæстон хо йæ размæ фæзынд.
Æсуынгæг йæ уындмæ чызгайы зæрдæ
Æмæ йæм æдзынæг ныккаст...
Æргуыбыр бæттынмæ хæстоны цæфмæ
Æмæ йыл йæ цæссыг ныттагъд.
Фæцæрдæг хъæбатыр, фæлвары ыстын, -
Йæ мидбыл æм цадæг фæхудт:
- 0, нал хъæуы, буц чызг, мæ цæфтæ бæттын, -
Дæ цæссыг æвдадзы хос у.
ФЫСТÆГ
Цы дæм фыссон, нæ йæ зонын мæхæдæг дæр, -
Ыстыр хæстмæ фæдисуадæй фæцæуæг дæн.
Фæстаг уысм ма куыннæ тахтæн дæ фенынмæ -
Æз уый тыххæй мæхи хæрын раст гъенырмæ.
Кæдæппын дæм уæд комкоммæ фæкастаин,
Дæ разы та æфсармдзастæй нæ тадаин.
Кæдæппын дæм нæ уыдаин æнæдзургæ,
Мæ цæсгом та нæ кодтаид цъæхтæ-буртæ.
Уæвджийæ дæр, куыд сæфт уыдтæн, куыд нæуæндаг?
Мæ сагьæс дын куыннæ кодтон зæрдæйы фаг?!
Уæндон куы дæн ам карз хæсты цæхæрцæстау,
Уæд-иу цымæ нæ фембæлдæй цæмæй тарстæн?
Цы-иу фæци, æдзæм фæуа, мæ дзæгьæлдзых?
Куыд-иу атад дæ иу фендæй мæ уæнгты тых?
Уæдмæ-иу мæй йæ надвæдыл дард ацыди, -
Уæ уасæг-иу хъæлæсыдзаг ныууасыди.
67~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
«0, сау бон мыл, ныр та гыцци кæмæ хæцдзæн...»
Æмæ-иу раст цæстныкъуылдмæ фæдæлдзæх дæ.
Æппæтуыдон æрымысын хæствæндагыл, -
Мæ маст фыдцæр ныккалын уæд фыдызнагыл,
Мæ зæрдæйы бæллицтæ дæм цы фæфыссид,
Фæлæ, фæлæуу, æввахс у ныр сырх сæуæхсид.
ДЗУЦЦАТЫ ÆХСАРБЕГ
1920- 1942
* * *
ÆМБИСÆХСÆВ
Комы бæлæстæ æнцадгай
Доны зарæгæн хъырнынц.
Мæйы рухс цæсты æнгастæй
Разынди уæйыгау рындз.
Хъæуы нал судзы цырæгътæ,
Хъæу æрсабыр и, хуыссы.
Бæрзы уадултæм нæ хæхтæй
Дымгæ мондагæй тындзы.
ЕЛЕХЪОТЫ МУРАТ
1923- 1943
* * *
РАЙСОМ
Æрхæндæг тар æхсæвы сатæг
Фæстагмæ - бонырдæм - фæсаст
Æмæ цæхæркалгæ мæ уатмæ
Æрбакаст хуры тын æваст.
Уат айдзаг рог удцзæфæй, хурæй...
Уæлæрвтæ акалдтой тæмæн...
Салам уæздан цъыбар-цъыбурæй
Æрвитынц сыфтæртæ мæнæн.
~ 68 ~~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Кæнынц мын зараг мæргьтæ арфæ, -
Сæ тъæлланг айзæлы уæлвонг...
Тæхуды, алы хатт дæр афтæ
Лæгыл æхсæв куы кæнид бон...
1941 аз
НÆ ДЫРГЪДОН
Цæй-ма, цы ныджджих дæ тархуызæй?
Бон дæр æнкъард у, ай-гьай...
Æви кæд фæсæврагь арвы цъæх
Дысон дæ фынты уыдтай?..
Дымгæйы ’внæлдæй цы сызнæт дæ?..
Оххай, кæд уæгьды фæрсын!..
Баууæнд мыл, уалдзæг та ’рыздæхдзæн,
Фестдзынæ дидинæг-зынг...
1941 азы октябрь
ФÆУÆЛАХИЗ УЫДЗЫСТÆМ
Нæрут,
хæстон уадындзтæ,
арвау,
Кæнут,
о нæмгуытæ,
зынг уард!
Зындоны карз тымыгъ,
ныццарау,
Куыд фæуой удхортæ бындзагьд!
Лæгсырд йæ тугмондаг хъæлæсы
Нæ бæстæмæ æрхаста марг.
Фæлæ йын сау мæлæт фæхæссæм,
Зæххыл дзы нал уыдзæн мыггаг.
Рæстдзинад - мастисæг - нæ фарс у,
Тæрс, не знаг,
хус сыфтæрау риз!
Кæнынц дæ фыдгæндтæ дæ фарсæй, -
Фæуыдзæн авдцæлдзæх фашизм.
1942 аз
"69 "
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
* * *
Хæссы та нæ уынгты фæлдзæгъдæн.
Нынныгьуылди æврæгьты мæй.
Зыдтон æй, чызгай та кæй зæгьдзæн
Йæ ацы фыстæджы дæр «нæй».
Уæддæр дыл мæ зæрдæ нæ худы, -
Дæ уарзон дæуæн ис хæсты...
Уым быдыр уæззау цæфтæй дуды,
Сырхзынгæй уым уары ызды...
1942 азы мартъи
ФЫСТÆГ ХÆСТЫ БЫДЫРÆЙ
Абон акъоппы кастæн дæ фыстæг
0 мæ уарзон, мæ ныййарæг мад.
Ехх, куы зонис, фырцинæй куыд тыхстæн,
Æмæ Иры зæхх цæстыл куыд уад.
Цыма ме уæнгтыл базыртæ базад,
Уыйау айсæфти иу уысммæ тох.
Лæг Фыдызæхх зæрдæйæ куы уарза,
Уæд йæхи зынтæ авæййынц рох.
Фæлæ сыстад æхситгæнгæ тымыгъ,
Ногæй райста йæ сау кард адзал.
Атылд карз тох уæззау цалхау хуымыл,
Оххай, цалы фæкодта æдзард.
Фæлæ сау фыдгул царæфтыд баци,
Калмау алæсти мах цæфтæй дард.
Ног та хæсты хъæр цадæггай банцад,
Ног та сагьæстыл бафтыд салдат.
Сисын фыстæг, лыстæг æм фæкæсын,
У мын алкæм ныфсы рухс, мæ бон.
О ныййарæг мад, де стыр фæдзæхст дын
Æз тырысайау дарын бæрзонд!
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ЕПХИТЫ ТÆТÆРИ
1911 - 1958
* * *
МАДЫ ЗАРÆГ
Апир, апир, мæ пирæн,
Мæ цыргъдæндаг рæвдз пирæн,
Апир, апир фыры хъуын,
Урс фыры хъуын хæмпусæй.
Алвис, алвис, мæ æлхуый,
Тымбыл уæдæртт, лæгьз æлхуый,
Алвис, алвис фыры хъуын,
Урс фыры хъуын хæмпусæй.
Урс къуымбилæй урс тæбын
Къуыбылæйттæ ыстухон,
Ме ’нæзонгæ сахъ фырттæн
Хъарм цъындатæ ыскæнон.
Ме ’нæзонгæ сахъ фырттæ
Фашисттимæ куы хæцынц,
Уарзон зæххы ызнæгты
Кардæй, топпæй куы цæгьдынц.
Хъарм цъындатæ тæбынæй
Æз уыдонæн куы кæнын, -
Бахæрон сын сæ рынтæ,
Ма сын фенон сæ зынтæ!
Апир, апир, мæ пирæн,
Мæ цыргъдæндаг рæвдз пирæн,
Апир, апир фыры хъуын,
Урс фыры хъуын хæмпусæй.
Алвис, алвис, мæ æлхуый,
Тымбыл уæдæртт лæгъз æлхуый,
Алвис, алвис фыры хъуын,
Урс фыры хъуын - тæбинаг!
1942 азы мартъи
~ 71
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
О МÆ ИРЫСТОН!..
О мæ Ирыстон,
0 мæ уарзон зæхх,
Æз дæ тар хуызæй
Нал дæн уа-дзæбæх!
Сау лæг бирæгьау
Арм æрбадардта,
Цардуарз сабиты
Хъæдмæ батардта.
Къаннæг сабиты
Хъарм цæстысыгæй
Тайынц цъититæ
Коммæ ставд сыгæй.
Къона иунæгæй
Баззад уазалæй,
Царыл сау рæхыс
Баззад ауыгьдæй,
Сæгдзыд сау рæхыс
Царæй халдзысты,
Уазал сау фæнык
Уадмæ дардзысты!
Карз у ацы знаг,
Карз, æнæхатыр.
Кæн дæ хъæбултæм
Раст фæдисы хъæр!
Кæн фæдисы хъæр,
0 мæ Ирыстон,
Иу дæр ма зæгьа:
«Æз нæ фехъуыстон!»
Фестæд сау марг ын,
Ир, дæ урс æхсыр,
Мады сонт хъæрмæ
Чи уа хъусæмыр!
5
72 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
0 мæ нæртон Ир,
Уацар ма баком!
Карз, ыстыр хæсты
Цудын ма базон!
1942 азы ноябрь
КАЛОТЫ КЪОЛА
1922- 1943
* * *
МÆ БÆСТÆ
Кæм нæ уыди раджы
Мæгуыр лæг нымады,
Кæцæй хъуысти дардмæ
Йæ сагьæссаг хъæр,
Уым, айхъус-ма, зарæг
Ныййазæлыд дардыл
Æмæ йын зæрдæйæ
Куы хъырнын æз дæр.
КАЛОТЫ ХАЗБИ
1921 - 1943
• * •
ФÆСТАГ САЛАМ
Бæлас йе ’ртах тауы зæххыл,
Уады ’нкъуысынæй фæллайы...
Асæргьыг кæнон мæ бæхы,
Æмæ дард быдыртæм уайон.
Нæй мын фæсфæндагмæ здæхæн,
Карз тохы цæры мæ амонд.
Ма мæм хъамбул кæн фыдæхау,
Цæй, дæ фæндырæй æрцамон.
73
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Æз æркъул кæнон мæ саргъыл,
Бæлæсты ныххырхон кардæй...
Гъей, зæгьут-ма, цавæр аргьæй
Балхæндзæн лæг амонд царды?
Æз лæгæй лæджыхъæд домын,
Хорзы агурын æмбалæн...
Сау æфсургъы чи уромы!..
Уалæ ’рхауы боны стъалы.
Ды цæрдзынæ ам нæ фæстæ...
Ратт фæстаг салам ныр махæн...
Ницы мæ хъæуы, æрмæстдæр
Бахуд!..
1941 аз
* * *
Дæ уæнгты ’нæкæрон ныфс уа,
Сæрибар уартхæссæг æфсад!
Ды та дæ сабыр цард
Ныууагътай...
Æнафоны нæ зæхмæ ’ртахти
Фыдгулы зилдухгæнгæ зынг.
Хæцын у зын.
Фæлæ уæлахиз
Ды дæ, мæ уарзон бæстæ, ды!
Æнцад, куыдз-рыцæр,
Размæ ма хиз,
Дæ ных сæтты!..
Æллæх, цæй тæригьæд у зæхх!..
Дæ тугæй чъизи кæны зæхх,
Йæ рухс цæсгом мæйдары ивы...
Æгъгъæд!
Ды сахуыр дæ фæливын.
Лæбур, дæ гæндзæхтæ уал цæгьд,
Мæлæты мад, æнаккаг талæу!
74 ~~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Фæзынд нæ фондзтигьон ыстъалы,
Уый фехста сау мигьтæм йæ тын, -
Налаты цард ыскъуынæг тын.
Уый зоны: мах ыстæм уæлахиз.
Æнцад, куыдз-рыцæр,
Размæ ма хиз,
Дæ ных сæтты!
1941 азы 22 июнь
* * *
Æхсæв дæ дзыккутау куы ’рхауы,
Йæ тарф фынтыл куы вæййы зæхх
Æмæ фæлмæсты цæстыхаутау
Куы суымæл кæны хъæды ’ртæх,
Уæд æз мæхинымæр фæзæгьын:
«Тæхуды, фен ма дæ æрмæст,
Æрбад дæ уæлрудзынг æртæхау,
Æртæхау рудзынгыл æрлæс!..»
1941 азы сентябрь,
Камышин
* * *
Æз мæ цард нæ нымайын æвгъауыл:
Цард цæуы,
æхсæрдзæнтæй кæлы.
Мæн хъæуы
фæстаджы тохы ’рхауын,
Мæн хъæуы
сæрыстырæй мæлын.
Цæй, мæ фæндыр,
дзæгьæл дæ ныууагьтон,
Нал мысын, мæ хорз хæлар, дæ уынд...
Æз, ныфсхаст цæргæс,
мæ базыртæ ысцагьтон
Æмæ тымыгъмæ
æнхъæлмæгæс лæууын.
1941 азы сентбярь,
Камышин
~~~76~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
КАРД
Балладæ
Уæд æнафоны цыдысты хæстмæ,
Бæстæ уыд фæлладхуыз æмæ тар.
Мад йæ фыртæн разтыргъы фæдзæхста:
«Ма ныууадз дзæгъæл дæ фыды кард.
Уый дын тохæй рарвыста лæварæн...
Рызт йæ уæлæ хъарм туджы æртах...
Æз дæуыл, мæ хур, мæ зæрдæ дарын,
Ды уæлахизæй кæй раздæхдзынæ тагъд».
Рæстæг уади, рæстæг маргъау тахти,
Æмæ ракалд бутъыро бæлас...
Мæнæ рудзынгыл йæ урс сæр мад æруагъта,
Фæзы даргъивæзт фæндагмæ каст.
Æмæ чидæр бадзуры: «Æвгъау уыд...
Фæлæ кад... æнæвидигæ кад...
Рухсаг уæд, æна, дæ фырт æрхауди
Æмæ рарвыста мæнæн йæ кард».
1941 аз
* * *
Ды дзырдтай:
«Нæма уыдтæн Кавказы,
Никуы ахæтыд йæ цъититыл мæ цæст.
Æз уыдтон тыгъд быдыртæ мæ разы,
Уыдон уарзгæйæ фæцардтæн æз...»
Ды дзырдтай...
Фæлæ дæм æз нæ хъуыстон,
Мæйы бур æрфыгмæ уыд мæ каст.
Дымгæ уæд бæгънæг бæрзы æнкъуыста,
Сидзæрау уыд къулбæрзæй бæлас...
Ш
— 77—
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ды дзырдтай...
Фæгуырысхо дæ уайтагьд...
Азылдтæ æмæ ныууагьтай мæн...
Зæрдæ мæимæ кæдæмдæр атахт.
Зæрдæ атахт саудзыкку чызгмæ...
1941 азы октябръ,
Камышин
* * *
Ыстыр хæстæй æрцæугæйæ
Фæбадтæн æз нæ ныхасы.
Ыстыр хæстæй æрцæугæйæ
Фæмысыдтæн мæ тухитæ...
Ехх, мæ ныййарæг мад,
Нал уыди мæ бон!
Иннабонæй-иннабонмæ
Фæцыдыстæм кæйдæр зæххыл.
Иннабонæй-иннабонмæ
Хæцыдыстæм кæйдæр зæххыл...
Фыдызнагимæ карз хæсты
Нæ басасти нæ тых...
Æхсæв-иу мæй куы сцæйтылди, -
Мæхи-иу ыл ныффæдзæхстон,
Нылхъывтон-иу мæ дæндæгтæ,
Æд кард-иу размæ атахтæн...
Ехх, мæ ныййарæг мад,
Нал уыди мæ бон!..
Лæгæн тæригъæд чи кодта!
Лæджы цард ма кæмæ цы каст!..
Уæддæр фæстæмæ ’рцыдыстæм
Сæрæгасæй нæ хъæубæстæм...
Фыдызнагимæ карз хæсты
Нæ басасти нæ тых...
Ыстыр хæстæй æрцæугæйæ
Фæбадтæн æз нæ ныхасы.
%
~ 78
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ыстыр хæстæй æрцæугæйæ
Фæмысыдтæн мæ тухитæ...
Ехх, мæ ныййарæг мад,
Нал уыди мæ бон!..
1941 азы октябрь,
Камышин
* * *
Тымыгь даргь уынгты хæты...
Æхсæв салд рудзгуытæй хъусы...
Цымæ афонмæ цы кусыс ды?
0, цæмæй зонын, цы кусыс!
'Фхæрыс, чи зоны, дæхи:
«Радтон уымæн сомы карз æз...»
Хин дæ ды, мæ хъоппæг, хин.
Уарзыс, о!
æмæ куыд уарзыс?..
Зонын æз, мæ хорз хæлар,
Тыхст, уырыд кæй дæ рæстæгмæ...
Дард дæ, дард мæнмæ, хæрз дард...
Фæлæ мæм
уæддæр
хæстæг дæ!..
1942 азы февралъ,
Камышип
* * *
Куы сæтты тымыгъ даргь бæлæсты.
Уый хъæпæн фæндагыл куы ’рхуыссыд...
Кæй бон уыдзæни, кæ, нæ фæстæ
Зæххы зæрдæйы маст ныффыссын!..
Æз федтон хъарм туджы сыуадон,
Лæджы буарæй æмбæрзт астым...
Гъей, сахъ нæртон,
æри дæ уадындз,
Нынкъусон зæхх æз
ризгæ уарзтæй!
И
79"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Æри!
Мæн у дунейы арфæ,
Æз цард дæуæй хуыздæр æмбарын.
Дæлдзæхы тымыгь фемæхст
арвæй, -
Сызгъæрин хуры тынты уарын.
1943 аз,
Ленииграды фронт
Бон нæма фæзынд
сæууон æртæхы,
Фесæфт хъамылы
æххормаг сынт.
Æз кæуын...
Æрзоныг кодтон зæххыл
Æмæ йын йæ риуæн
пъа кæнын.
Ма хъæрз, зæхх,
мæ уд фæрыст дæ мастæй!
Базæронд мæ лæппуйы быуар...
Тугæй нал зыны
дæ фæтæн астым.
Судзгæ ’мбисæндтæ -
нæмгуыты уард!..
Ма хъæрз, зæхх ...
0 бафæраз бæллæхы!
Уалæ скæсæны сырхдзыкку бон фæзынд.
Дымгæ тадзы
райсомы æртæхы...
Худы туджы ’ртæхты
хуры тын...
1943 аз,
Калинины фронт
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
* * *
Митбт мæйы æртхутджытæ хъазынц,
Зæхмæ ивæзы бæлæсты фист.
Уæ мæ пыхцыл сæр! Быдыр - дæ уазæг.
Нал та уромын
зæрдæйы рис...
Ниуы бæстæ
зындоны цæхæры.
Лентау сау уадздзаг -
фæндаджы тар...
Мигьты уæлæ
зынг æвзæгтæй сдæры
Хъæуы сæрмæ
æнæрмынæг арт.
Æз цæуын
мæлæты фыддæрадæн.
Немыцаджы туг
мæ джебогьæй фæтагъд...
Мæн цæрын фæнды,
фæуром-ма дæ тахт,
Сау нæмыг! ..
Æрра дæн...
1943 аз,
Калинины фронт
КОКАЙТЫ АЛЫКСАНДР
1916- 1941
* * *
ЦÆЛЫКК
Зæлдагау нæм йæ рухс тынтæ
Æруагъта арвæй хур...
Цæлыккæн та йæ мæнæутæ,
Кæс-ма, куыд дарынц бур!
Ш
~~ 81"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Мæ райгуырæн фæтæн быдыр,
Æрдзур-ма мын дæ маст.
Ды цал хатты æрыхъуыстай
Ыскъæфт чызджы цъæхахст?
Йе цал хатты сæумæцъæхтыл
Æрыхъуыстай фæдис?..
Ныр уыцы дуг æрбадæлдзæх,
Ныр уыцы дуг фæцис.
Æндæр рæстæг, æндæр адæм...
Йæ хуыз ыскалдта цард.
Дæ фæтæнтæй æрбайхъуысы
Фæндырдзагьд æмæ зард.
Уæвгæйæ дæр куыннæ зарæм.
Куыннæ кæнæм мах цин!?
Æнусбонтæм куы уыдзыстæм
Дæуæн, Цæлыкк, æфсин...
КОЧЫСАТЫ МУХАРБЕГ
1920- 1944
* * *
ХЪÆМÆ
Мæ уарзон хъæубæстæ,
Мæ райгуырæн хъæу,
Æнæхъæн дæс азы
Æз нал федтон дæу.
Мæ цæстытыл уайы
Нæ ныллæг хæдзар,
Йæ сæгæйдзаг къултæ,
Йæ сæгæйдзаг цар.
Мæ цæстытыл уайыс,
Ныййарæг, ды дæр,
Цыма та мын сæрдмæ
Æмпъузыс цыдæр.
82~
.4
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Куы ’рбайхъуысы уынгæй
Къæхтыхъæр, ныхас:
«Æрхæццæ мæ хъæбул», -
Фæзæгъыс æваст.
0 уарзон ныййарæг,
0 ме схæссæг мад,
Кæд арæх æнæ мæн
Фæкæныс æнкъард.
Кæд фæндагмæ арæх
Фæцæуыс уынæг,
«Кæд искæцæй уаид
Мæ хъæбул зынæг», -
Фæзæгъыс, фæлæ та
Æнкъардæй хъæмæ
Æрцæуыс, дæ зæрдæ
Æхсайы мæнмæ.
0, ма тыхс, ныййарæг,
0, ма кæн æнкъард.
Æнæ дæу мæнæн дæр
Нæу адджын мæ цард.
Дæ сахъ гуырд дæр, ма тæрс,
Нæ фесæфт кæмдæр.
Зындзынæн та иу бон
Нæхимæ æз дæр.
Зындзынæн та ногæй,
Æмæ та, мæ мад,
Æрвитдзыстæм хъæлдзæг
Мах иумæ нæ цард.
1940 аз
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ХЪАМА
Гъей, фыдæлты сау хъама,
Гъей, фыдæлты ныфс!
Цалдæр азы ауыгъдæй
Къулыл ды лæууыс.
0 зæгь-ма, дæ хорзæхæй,
Зæгь, кæцы ран, кæд,
Цал сонт риуыл акодтай
Хъарм тугæй дæ фæд?
Цал хатты мæйдар æхсæв
Калдтай ды тæмæн?
Цал туджджыны барвыстай
Цардхъуагæй мæрдтæм?
Абон рæстæг аивта,
Аивта нæ дуг.
Бафидыдтой туджджынтæ,
Нал кæлы сæ туг.
Фæлæ, баууæнд, не сивта
Абон дæр дæ ныфс,
Фидæн тохы, карз тохы
Ды, мæ хур, хъæуыс.
Гъей, фыдæлты сау хъама!
Адджын дæ мæнæн.
Ды ныфс дæ, хъæбатыр ныфс
Карз тохы лæгæн.
Знагæн ды цæстысындз дæ,
Ме ’рттиваг хæзна!
Ехх, цæй тынг дæ бауарзтон
Дæу, мæ сау хъама!
Айдæнау æрттив, мæ ныфс,
Хуры рухсмæ хъаз,
Знаг куыд риза ’мризæджы
Хус сыфтæрау раст.
84~~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Æз дæуæй зæрдæрухс дæн,
Дæн дæуæй ныфсхаст.
Макуы æруадз худинаг
Ды мæ сæрмæ ’васт.
Гъей, фыдæлты сау хъама,
Адцжын дæ мæнæн.
Ды ныфс дæ, хъæбатыр ныфс,
Карз тохы лæгæн.
1941 азы 3 май
АДÆМЫ МАСТ
Мæ мастæн æрæнцайæн нæй.
Мæ фæндтæн тызмæг у сæ ахаст.
Зæгъут-ма, æмбæлттæ, цæмæй,
Цы карздæр, цы фыдцæр дзырдтæй
Зæгъон æз мæ зæрдæйы сау маст!
Мæстæлгъæд фыдхорты æрдонг
Æрбабырста абон нæ бæстæм.
Æгъгъæд сын нæ уыди ныронг
Æмæ та сæ бафæндыд ног
Ысфæлварын тохы нæ гæрзтæ.
Знаг йе сæфт æдзухдæр уыдта
Нæ сæрибар адæмты цардæй,
Æмæ нæм кæд худгæ дзырдта,
Уæддæр æй мах тынг хорз зыдтам,
Кæй ныл цæудзæн иу бон мæнгардæй.
Нæ фыдæлтæм иу ныхас уыд,
Цæргæйæ сæдæ азты баззад,
Ыстыр раст ныхас у, бæлвырд:
Мæлдзыгæн, дам, йе сæфт æрцыд
Æмæ, дам, ыл базыртæ базад.
Цы кæны, кæд афтæ у - хорз.
Кæд сæрра сты абон лæгмартæ,
"85 "
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Уæд сын мах ыссардзыстæм хос -
Ызды æмæ сау топпыхос, -
Куыд никуал ысдзæбæх уой, афтæ!
Æмбæлттæ! Æрцыди рæстæг! -
Йæ фæстаг бон тугдзых лæгмарæн.
Нæ къухмæ, цæй, райсæм гæрзтæ.
Куыд уарзæм нæ Фыдыбæстæ,
Уый равдисæм абон ызнагæн!
Æмбæлттæ! Мæ дзырд у рæстмæ:
Фыдгулæн йæ бæрзæй сæтдзæнис.
Йæ сау рыг ыскæлдзæн хæрдмæ.
Рæстдзинад у мах фарс, æмæ
Уæлахиз дæр мах фарс уыдзæнис!
1941 азы 23 июль
ЦÆЙ, ХÆРЗБОН, МÆ УАРЗОН!
Цæй, харзбон, мæ уарзон!
Æз фæцæуын балцы,
Ма-иу кæн мæ фæстæ
Иунæгæй æнкъард.
Диссагау дæм абон
Ма фæкæсæд м’ ацыд, -
Сиды мæм мæ бæстæ
Тохы фæзмæ тагъд...
Фидар лæуу, мæ дуне:
Æз цæссыг нæ уарзын,
Ма-иу ку мæ фæстæ
Тар æхсæв æдзух.
Фидæнмæ та ногæй
Фестдзынæн дæ разы
Æмæ та дын худгæ
Райсдзынæн дæ къух.
Акса, мæ хур, уæлæ
’Нкъард зарæг кæнгæйæ
Мæргьтæ дæр куы кæнынц
Хъарм бæстырдæм тагьд,
~В6~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Фæлæ та фæстæмæ
Уалдзæгмæ бæлгæйæ
Райгуырæн бæстæмæ,
Зон, уыдзæн сæ тахт.
1941 азы 10 декабрь,
Ростовы облæст, Слепихипы хутор
ФЫДЫБÆСТÆ
Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц
Йæ бинонтæ, йæ мад!
Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы
Йæ рæзгæ бонты цард!
Фæлæ уæдцæр, ныййарæг зæхх,
Дæуæн æмбал кæм и!
Дæуæй зæрдæйæн адцжындæр,
Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!
Нæ урс хæхтæ, нæ тар хъæдтæ,
Нæ хъал дæтты хъæлæс,
Нæ зад хуымтæ, нæ быдыртæ,
Нæ дидинæгджын фæз,
Кæм хъазыдтæн æз сабийæ,
Кæм рæзыдтæн æдас, -
Мыггагмæ дæр сымахимæ
Мæ зæрдæ баст у, баст.
Нæ фыдæлтæ сæ хъарм тугæй
Дæу балхæдтой, мæ зæхх,
Нæ бæркадцжын фæллойæ дæ
Ысбуц кодтам дзæбæх.
Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд,
Фыдыбæстæ, дæуæй
Мæнæн зынаргъдæр, адцжындæр
Нæ уыдис æмæ нæй.
87
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Æрмæст дæ кой, дæ буц ном дæр
Ыстыр ныфс у лæгæн.
У суанг дæ сыгъдæг уæлдæф дæр
Æвдадзы хос мæнæн
Æмæ дæ никуы ратдзынæн
Ызнагæн, зон уый ды.
Фæлтау мæлæт ыссардзынæн
Дæ сæрвæлтау хæсты!
1942 аз
ФÆСТАГ САЛАМ
Мыййаг, хæсты быдыры искуы
Куы фæуон мард
Æмæ куы аскъуыйа æмбисыл
Мæ рæзгæ цард...
Мыййаг, куы нал фæуон кæронмæ
Мæ зарæг æз
Æмæ куы бамыр уа бынтондæр
Мæ сонт хъæлæс...
Мыййаг, куы фæсыкк уой мæ фæндтæ,
Мæ рухс фæндаг...
О, курын уæ, зынаргь æмгæрттæ,
Æз иу хъуыдцаг.
Зæгьут-иу мын мæ зæронд мадæн,
Куы фæуа хæст:
Хæсты быдыры, зæгъ, фæмарддæн
Цытимæ æз.
Зæгьут-иу ноджыдæр Кавказæн
Салам мæнæй.
Æцæг хъæбулау дæ, зæгь, уарзтон
Зæрдæбынæй.
1942 азы 11 январь,
Ростовы облæст, Слепихины хутор
ч
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
МÆ ФÆДЗÆХСТ
Фыдыбæсты сæраппонд тохы,
Мыййаг, куы фæмард уон рæстæй,
Уæд-иу мæ мард фæласут хохмæ,
Мæ Ир, мæ фыдæлты бæстæм
Æмæ-иу бавæрут, æмгæрттæ,
Мæн рагон сау къæдзæхты ’хсæн,
Цæмæй æхсырхуыз цъитидæттæ
Рæвдауой с’ аив зардæй мæн,
Цæмæй мæ ингæнмæ мæ уарзон
Фæсивæд хъазынмæ цæуой
Æмæ тæгæр бæласы аууон
Фыдæлты зарджытæ кæной.
1942 азы 13 январь,
Ростовы облæст, Слепихины хутор
ФЫСТÆГ МÆ МАДМÆ
Мæ фын фæлыгьди. Хуыссæг та мæ н’ ахсы.
Хæстæг у бон, æвæццæгæн, хæстæг...
Уæдæмæ, цæй, мæ райгуырæн Кавказмæ
Ныффыссон æз гъе ацы ’хсæв фыстæг.
Ыссыгътон цырагъ ныккæнды æдæрсгæ.
Мæ чысыл пецы бафу кодтон арт...
Салам дæуæн, мæ райгуырæн хæхбæстæ,
Æнæниз у, мæ ныййарæг, мæ мад!
Æрвитын дын хæсты быдырæй абон,
Æрвитын дард Украйнæй салам! -
Дæ буц хъæбул, дæ иунæг фырт, дæ уарзон
Нæ рох кæны дæу иу минут дæр ам.
Мæ цæстыл уайы райгуырæн хъæубæстæ,
Нæ хъæдынкъул, нæ æлыгбын хæдзар,
Дæ дæлбазыр кæм рæзыдтæн æдæрсгæ,
Кæм æрвыстон мæ рæзгæ бонты цард.
ш
~~ 89
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Мæ цæстыл уайыс алы бон, ныййарæг,
Цыма та бадыс рудзынджы раз ныр, -
Кæсыс æнхъæлмæ: «Искæцæй, мыййаг, кæд, -
Фæзæгьыс ды, - æрбазынид мæ фырт...»
Æз зонын хорз дæ хъуыдытæ, дæ фæндтæ,
Кæй у дæуæн æнæ мæн, нана, зын.
Æмбарын æз, кæй мыл риссы дæ зæрдæ,
Кæй дæм фæзыны хаттæй-хатт цæссыг...
Нана, дæ зæрдæ ма дзурæд мæнимæ,
Дзæгьæлы ма кæн, ма, нана, æнкъард, -
Куыд нæ дæн æз хæсты быдыры иунæг,
Нæ дæ ды дæр гье афтæ иу, мæ мад.
Фæуыдзæн хæст! Нæ рæстдзинады кардæй
Ызнаг æрцæудзæн тагьд рæстæджы саст
Æмæ дæм уæд, ныййарæг мад, æз дардæй
Фæзындзынæн сæрæгасæй æваст.
1943 азу
хæцæг æфсад
КУЧИТЫ ВЛАДИМИР
1922- 1942
* * *
ХÆСТОН ДЗЫРДТА
Фæрсут мæ ныр сымах мæ цæфæй,
Фæлæ ныууадзæм уый фæлтау.
Æрмæст цы федтон хæсты арты,
Гъе уый зæгъын мын нæу æвгьау.
Бырстам... Цыди нæ фæстæ иу чызг,
Йæ фарсыл стыр хызын уыд баст.
Уый размæ тохмæ кодта не ’мцыд,
Уæндон, сæрыстыр уыд йæ каст.
Нæ зонын... Никуы федтон ахæм:
Нæ тарсти карз хæсты хъæрæй.
~90~~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Зæхх рызт сармадзанты гæрахæй,
Уæддæр нæ фæстæ уад рæвдзæй.
Æваст æз урс митыл æрхаудтæн, -
Мæ зонд, мæ цæстæнгас фæтар,
Мæ туг æнæвгъау митмæ калди,
Мæ хъару нал уыди мæ бар...
Мæн чидæр тагъд йæхимæ ’рбайста,
Мæ цæф мын асгæрста уырзæй,
Ыстæй йæ бинтытæй æрбаста
Æмæ мæм бахудти фæлмæн.
Æз дæр æм уæд æргом ыскастæн.
Йæ уынд мæ зæрдæйы ныххызт.
Кæм уыди аргъ йæ цæстæнгасæн, -
Æвиппайд айрох и мæ рыст.
Йæ хызын уыд йæ уæхскыл ауыгъд,
Йæ рустыл мидбылхудт хъуызыд.
Ныр дæр йæ хуыз мæ цæстыл хъазы:
Бæрзонд, мыддзаст æмæ хæрзуынд.
Куы фена исчи уый сымахæй,
Уæд ын мæ номæй-иу зæгъæд
Салам мæ зæрдæйы хæрз арфæй,
Цæрæд æнæнизæй, цæрæд!
Цæрæд фашистыты фыдæнæн,
Цæрæд сæрибарыл хæстæн!
Цæрæд мæ фидæны æмбæлдæн,
Цæрæд нæ бæстæйы цытæн!
1941 аз
92 —
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ФÆДЗÆХСТ
Дæуимæ арæх зæрдæ дзуры,
Нæ заман кæд тыхст у, уæддæр.
Æхсæв æдзухæй дæр мæ цуры
Мæ фыны февзæрыс, рæсугьд.
Ды зоныс, тохы нæрдмæ дардæй
Æз дæр нæ кæсдзынæн уыгау,
Æз дæр йæ уылæнты фæйлаугæ
Бырсдзынæн сахъ лæджы фыртау.
Хæсдзынæн дæу мæ риуы размæ,
Мысдзынæн тохы фæстæ дæу.
Куы хæла сау нæмыг мæ фарсмæ,
Уæддæр дын ферохгæнæн нæй.
Фæлæ цъаммар фашисттæм уацар
Цæфæй куы бахауон, мыййаг,
Куы нæмой уистæй мын мæ рагьдзарм,
Мæ риумæ мын куы дарой кард,
Уæд æз нытту кæндзынæн знагыл,
Мæ сæр æз сисдзынæн бæрзонд,
Зæгъдзынæн удхортæн сæ разы,
Хъæрдæр куыд дзурын у мæ бон:
«Нæй, никуы байсдзыстут, цъаммартæ,
Мæнæн мæ Райгуырæн сымах,
Æрцыд кæрон уæ æлгьыст цардæн,
Мæлæт уæм рудзынг хойдзæн тагьд!»
Мæнæн та уым мæ бæстæ худы,
Уым и хæстон цытджын фæтæг.
Уым и ныййарæг мад мæнæн дæр,
Уым и мæ царды ныфсдæттæг!
1942 азы январь
93
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
МАМСЫРАТЫ ДÆБЕ
1909 - 1966
* * *
БАЛЛАДÆ ХЪÆБАТЫРЫЛ
Бавæрдта йæ бæхыл саргъ,
Фарсыл кард æрбаста.
У йæ фæндаг уымæн даргъ -
Хурныгуылæн бæстæм.
Адæм хъæугæрон - æмбырд, -
Фæзы нæй æрлæууæн.
Æмæ уым фæстаджы дзырд
Уый зæгъы йæ хъæуæн:
- Иумæ уыд рæсугъд нæ цард,
Уыд æппæт дæр кадæй,
Алкæйы фæрныг хæдзар
Дзаг уыди бæркадæй.
Зæххытæн сæ дзæбæхты
Ног дыргъдæттæ сагътам.
Мах нæ хъæлдзæг хæдзæрттæм
Рухс - электрон - уагътам.
Зад нæ зæххыл хорз тыллæг,
Фос дæр нæм цæй бæрц уыд!
Æмæ алы ран дæр лæг
Уыд йæ хицау æрдзæн.
Хистæртæн лæвæрдтам кад,
Кæстæрты рæвдыдтам.
Иу бæркадыл мах бæркад
Ноджыдæр æфтыдтам.
Нал нæ стыгъта сау æлдар
Боны сæрæн фиддон.
Кусгæ, заргæйæ нæ цард
Цыд дзæбæх, цæвиттон.
~94~~~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Фæлæ хъавы исынмæ
Тугдзых фашист н’ амонд,
Æмæ н’ амонд хизынмæ
Тохы цæуын абон.
Кæд къуымыхдæр уа мæ кард,
Кæд мæ ныфс уа къаддæр,
Худинаг у уæд мæ цард,
У æгад мæ мард дæр.
Фæлæ тохæй гуырд бæсты
Чи ’рвыста йæ азтæ,
Уый нæ баззайдзæн хæсты,
Ницыхуызы, састæй.
Кæд зæхх домы махæй знаг,
Ууыл у йæ хæст дæр,
Уæд ын зæхх ингæны фаг
Ратдзыстæм æрмæстдæр.
Цæй, хæрзбон уал! Ут æнцой!
Мах дæр та зындзыстæм
Æмæ та цытджын фæллой
Иумæ мах кæндзыстæм...
Загътой хъæу: «Цу хæстмæ, цу!
Мах уын хæлц дæтдзыстæм,
Арæнтыл сымах хæцут,
Ам та мах хæцдзыстæм.
У æнæфыд! У дзæбæх!
У, нæ фырт, фæндараст!»
Лæппу фесхуыста йæ бæх
Æмæ хæстмæ араст.
Хæхтыл, дæттыл рог бæхы
Скъæры. Нæу зæрдæсау.
Æмæ арæнтæм тæхы
Уый хæххон цæргæсау.
1941 аз
~ 95
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
СУСХЪÆД БÆЛАС
Балладæ
Джызæлæй Берлинмæ Гатæгьæз фæцыд,
Хъызты æмæ ’нтæфы æмхуызон хæцыд
Йæ адæм, йæ бæсты сæраппонд.
Хæсты зын рæстæг дæр йæ ныфс уыд мæсыг, -
Нæ йын федта ничи йæ цæсты цæссыг,
Фæлæ йыл цы ’рбамбæлыд абон?
Хæсты дæр мысыди - сæ хæдзары раз
Сыфтæрджын, тæфгæнаг сæ сусхъæд бæлас, -
Йæ быны-иу сабийæ хъазыд.
Фæлæ ныр æрбаздæхт Уæлахиз хæстæй,
Æмæ ам йæ рустыл йæ худгæ цæстæй
Æнкъард цæссыг уадултыл разылд.
Сæ хæдзар кæм лæууыд хæрз рæсугъд кæддæр,
Уым хæдзарæй нал ис, нал, къулы фæд дæр,
Уым сау бомбæ ницуал ныууагъта.
Бæласы бæсты ма - бындзæфхад æрмæст,
Уый амардта бомбæ, æнæхатыр хæст
Йæ фарсмæ йын арф фæд ыскъахта.
Йæ уымæл цæстытыл бæлвырдцæр ныр уад
Сæрдыгон мæйрухсы Сæлизæт - йæ мад -
Йæ ныллæг бандоныл ам сабыр куыд бадт
Æмæ йын-иу аргъау куыд кодта.
Бæласы сыфтæртæй-иу хъазыди уад,
Æвзист хæрвджын къанау сæ фалейы уад,
Стъалы-иу стъалымæ згъордта.
Рæсугъд уыди дуне, рæсугъд уыди цард...
Ныр нал ис бæлас дæр, ныр нал ис хæдзар,
Сæ къанауы нал цæуы дон дæр.
«Фæхудай дæхиуыл, хъæбатыр хæстон!
Æнæвгъау цы калыс дæ цæстыты дон,
Æвгъау дын куы уыдысты хæсты!
96 _
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Цæссыгтæн нæ дæтты цард амонд рæдау,
Дæ дыстæ фæфæлдах куыстæввонг фæлтау, -
Цард араз дзыназыны бæсты», -
Йæхинымæр загьта Гатæгъæз - хæстон,
Йæ цæссыг ныссæрфта йæ дысæй бæстон,
Йæ ордентæм риумæ æркасти:
Хъæбатырæн тохы лæвæрттæ куы сты,
Куыд нæ хъуамæ ’вдиса йæхи уæд куысты! -
Æнæдзургæ хъæдмæ фæрасти.
Æрхаста уый хъæдæй æрыгон бæлас
Æмæ йæ ныссагъта бындзæфхады раз,
Æмæ уым æнусты рæздзæни.
Ыскæндзæн та ногæй Гатæгъæз хæдзар,
Рæсугъд æмæ райдзаст уыдзæни йæ цард,
Йæ хъæбултæн бæлас бæздзæни.
Æмæ-иу изæрты сæ бæласы бын
Куы бадой йæ фырттæ дзыгуырæй, уæд сын
Кæндзæнис ныййарæг мад аргъау:
«Нæ фыдцæр ызнаг нæм залйаг калмау хылд,
Æмæ-иу нæ сæрмæ хъæргæнгæйæ зылд
Хæдтæхæг, мæлæтхæссæг маргъау.
Сыгътой нын нæ хъæутæ, нæ адæмы нын
Фæкодтой кæуыны, дзыназыны бын,
Нæ тугæй сырх дардтой нæ дæттæ.
Нæ зыххыл, нæ хъæутыл, нæ адæмыл нын
Нæ фыдгул, фыдызнаг - нæ сон æмæ рын -
Ныууагъта йæ тугæйдзаг фæдтæ.
Уæ фидæн цæмæй уа æдас æмæ 4выд,
Гъе уый тыххæй ацыд уæд хæстмæ уæ фыд,
Фæранкау хъæбатыр хæцыди.
Фыдуазал зымæгты ’мæ хурджын сæрдты
Быдыртæ ’мæ хæхтыл, ’мæ дæтты сæрты
Джызæлæй Берлинмæ фæцыди.
"97
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Сæхи сау лæгæтмæ ызнæгты тæргæ,
Уæлахизы хæстæй æрбаздæхт бæргæ,
Фæлæ ма цы ’рбаййæфта хъæуæй?
Нæ хъæуы хæдзæрттæ уыдысты дæрæн,
Нæхицæн дæр нал уыд фæлæууæн, цæрæн,
Фыдгултæ сæхиуыл фæкæуой!
Æмæ уæд фыццаг хатт нæ хæдзары раз
Ныссагьта уый мæнæ гье уыцы бæлас,
Гъе стæй уæд ыскодта хæдзар дæр.
Ыскодта уын скъола, ыскодта уын клуб,
Уый колхозы мидæг хуыздæр кусæг уыд,
Уыд аразæг у’ амондцжын цардæн.
Уæ фидæн, мæ фырттæ, фæрнджындæр фæуæд,
Фæлæ-иу æдзухдæр уæ зæрдыл лæууæд
Уæ фыды кад, хи йæм-иу хъарут!
Цæмæй нал уа сомбоны тугкалæн хæст,
Гъе уымæн сымахæн уæ фыды фæдзæхст:
«Хæстмæ уæхи ифтонгæй дарут!»
1945 аз
МÆРГЪИТЫ КЪОСТА
1922-2018
* * *
МÆСКУЫ
Мæскуы... Мæскуы...
Дæ ном дæр у сызгъæрин,
Фæстох та ныр дæу ’рымысыдтæн æз.
Тæхуды, хæст уæлахизæй куы фæуин,
Уæд дæм æнæмæнг хъæлдзæгæй æрцæуин,
Ныккæнин дын мæ фæндиаг хъæбыс.
Кæд дарддæн, дард...
Нæ дæ уынын мæ цæстæй,
Уæдцæр дæ сæрмæ калы арв тæмæн
98~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Æмæ йæ хатын, хатын æз æххæстæй,
Ныр дæр та мæнæ ацы уæззау хæстæй
Ысрухс кодтай мæ дард фæндаг мæнæн.
1944 аз
ЗЫМÆГОН РАЙСОМ
Æрсабыр и райсомæй уад,
Æрæнцад йæ тъизынæй дымгæ.
Кæс, уартæ сыгъдæгзæрдæ мад
Йæ сабийы рахаста уынгмæ.
Ам хъæуы фæсивæдæн ныр
Сæ хъазты хъæр айхъуыст нæуæгæй,
Рыг митыл куы абырынц цырд,
Сæ фæдтæ йыл зайынц бæрæгæй.
Нæуæгæй та сытынг и хъазт,
Нæуæгæй та зæрдæ дæр ради,
Йæ мады хъæбысæй сæм каст
Цымыдисæй дзидзидай саби.
ФЫН
Дысон федтон ахæм фын:
Цыма Днепры былыл
Æз æд хæцæнгарз лæууын
Æмæ йæм лыстæг кæсын.
Стæй мæ сæрмæ февзæрд мигъ,
Арв нæры... Ныууарыд их!
Днепр раивылд бынтон,
Нæй йæ фыдмитæн кæрон:
Ласы йемæ уый æппæт:
Дур, зæгъай, уæд хихджын хъæд...
У ызмæст, йæ уылæн - карз.
Фестади хæрз тар мæ раз.
Æмæ стыр доны уылæн
Систа уæд йæ сæрыл мæн.
■§
99'""
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Уый мæ райдыдта æхсын,
Хауын алырдæм, тыхсын,
Риуæй фемæхсти мæ туг, -
Кодтон уылæнты хуыдуг.
Нæй фæкæсæг, нæй зынæг,
Нæй мæ иу лæг дæр уынæг.
Ау! Кæмæ кæнон æз хъæр,
Кæд нæ хъуысы иу уынæр,
Кæд æввахс ызмæлæг нæй,
Кæд ивылы дон зыдæй,
Кæд нæ зæхх æмæ нæ арв
Хойынц ныр кæрæдзи тарф.
Уалынмæ куыддæрты мæн
Фехста дардмæ стыр уылæн
Æмæ мæнæ ныр хуыссын
Рагон тулдз бæласы бын.
Зонын, нæй мæлæн мæнæн, -
Нæй мæлæн - зæххы фыртæн.
Фестадис мæ цуры дон.
Дон нæ, ’вдадзы хос уыдис, -
Йе ’ртæхы мæхи уыдтон,
Хъазгæ комырдæм цыдис.
Банызтон дзы фаг... Мæ тых
Уæнгты ахъазыд хъæддых.
Къухтæ айтыгьтон уæрæх
0 мæ зæхх, ныййарæг зæхх!
Нæй мæнæн дæуыл мæлæн,
Æз дæ хъæбул дæн дæуæн.
Цас фæнды мæ ласæд дон,
Хойæд мын мæ риу цъæх дур,
Гъеуæддæр мæ цард, мæ бон
Арвæй рухс кæндзæн дæ хур!
1944 аз
100
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
УЫРЫССАГ ЧЫЗГМÆ
Цыппар азы дæргьы дæ райгуырæн бæстæй
Фашистон Германмæ куы уыдтæ ды хаст.
Нæ дæм касти арвæй зæрин хур йæ цæстæй,
Дæ зæрдæйы, артау, сыгъдис уæд дæ маст.
Ды мысыдтæ дардæй уæ буц хъæу, уæ фæзтæ,
Ды мысыдтæ дардæй гыццийы рæвдыд,
Ды мысыдтæ уымæн йæ фæстаг ныхæстæ, -
Йæ цæссыг ызгьалгæ дæ фæдыл куыд цыд...
Зыдтай ды, кæй сыгъди дæ хæдзар Уырысы,
Нæ мæнгард ызнаг ныл кæй æфтыдта арт.
Йæ чысыл хъæбулы йæ фæлмæн хъæбысы
Кæй æмбæхста уымæй дæ ныййарæг мад.
Фашистон Германы зындзинад æвзæрстай,
Æхсæв дын ингæн уыд, мæйдар та - дæ бон,
Дæ уадултыл судзгæ цæссыгтæ ызгъæлстай,
Æрвылбон дæр царды ды кодтай фыдбон.
Фæлæ ды ныфсджынæй, сæрыстырæй кастæ
Ыскæсæнмæ, дардмæ - дæ уарзон зæхмæ.
Дæ хъару æндон уыд, фыдцардæй нæ састæ,
Уыдтæ ды буц уымæй, уырыссаг кæй дæ.
Уыдтæ ды буц уымæй, уæддæр дæм кæй хъуысыд
Сырх Æфсады къахдзæфы уынæр - уæндон.
Уыдтæ ды буц уымæй, кæй рæзтæ Уырысы,
Кæй æрвыстай райгæ кæдцæр уым дæ бон!
1945 аз, Герман
МÆРГЪИТЫ ЯСОН
1919- 1943
* * *
ÆРСИДТОНТÆМ
Мæнæ цард нæ разы ’хсиды,
О нæ амондджын фæлтæр.
Абон нæм уый цардмæ сиды.
Цом! Æмбал уын дæн æз дæр,
"101
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Мах фæхаста ауал азы
Хорз ныййарæгæй хуыздæр.
Ныр хæстонтæй стæм йæ разы.
Сисут тохы арц уæлдæр!
1939 аз
МЫРТАЗТЫ БАРИС
1917-1996
* * *
* • *
Уайых æрбауай, мæ фæндыр!
Цъус дыл мæ зæрдæ фæхудти.
Гормон, цæмæн мын ныхъхъус дæ?!
Исты куы нæ бадæ гоби,
Рыг дыл куы нæ сбадти исты.
Далæ ныгуылæнæй сау калм
Марг таугæ махмæ ыслæсы.
Фæлæ нæ тохæй æрзади
Битъына калмы уæлкъæсæр.
Цом та хæрзифтонгæй мах дæр
Хæсты быдырмæ фæдисæй!
Хæсты быдыры цæхæры
Скæнæм хъæбатырдзинадыл
Адæмæн ахсджиаг кадæг!
1942 азу
хæцæг æфсад
МА ТÆРС
Акæс-ма, сырх дидинджыты фæзы
Чырс бынсæфт æрбакодта, чызгай!
Æмæ дымгæ сау мигъты фæхæссы
Бон-изæрмæ хæхтырдæм чыргай.
Акæс-ма, нæ пæлæхсар бæласы
Уад бынтон куы ныккодта лæгуын!
Æз фыццагау мæйрухсмæ йæ разы
Хатгай демæ фыны дæр лæууын.
102 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Акæс-ма, нæ зад рæсугьд дыргьдоны
Булæмæргьæн банцади йæ зард.
Уый кæм хатти иудадзыг уæндонæй.
Уым æлгьыстаг сау халон æрбадт.
Фæлæ ма тæрс, тагьд æрлæудзæн уалдзæг,
Уалдзæг махæн цардамæндтæ уардзæн.
1942 аз,
хæцсег æфсад
МÆ ЦÆФТÆ
Цы даргь та ныцци ацы ’хсæв дæр!
Цымæ кæд ысрухс уыдзæн бон?
О ме ’мбал, тынг риссынц мæ цæфтæ,
Мæ ком ныссур, æри-ма дон!
Нæ федтон хур мæ фаг, æрмæст мыл
Ыскодта уалдзыгон сæумæ...
Фæлæ, мæ туг калгæйæ, хæсты
Цыдтæн, бæсты амонд, дæумæ!
Куыд та ныддаргь и ацы ’хсæв дæр!
Цымæ кæд ысрухс уыдзæн бон?
0 дохтыр, сдзæбæх кæн мæ цæфтæ
Æмæ та стыр тохмæ цæуон!
1943 аз,
хсецсег сефсад
ДЫ ЦÆРАЙÆ...
Æз тохы тыфылты ды цæрайæ цардтæн,
Мæ тугæй æлхæдтон дæу сæраппонд зæхх.
Дæ зæрдæйыуаг ма хæствæллад салдатæн
Уæззау цæфы сахат æргомдæрæй зæгь...
Сармадзаны нæмыг цыдæриддæр халы...
Фæлæ мыл цыфæнды куы ’рцæуа, уæддæр
Æдзухæй мæ уарзондзинады ыстъалы
Мæйдар æхсæв калдзæн дæ размæ цæхæр.
1944 азу
хсецæг сефсад
я
"103
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
МÆ ЗÆРДÆДАРÆН
Æнхъæлмæ кæй кæсыс, уый зонын,
Æз дæр дæ ам къаддæр нæ мысын.
Мæ зæрдæдарæн дæ кæй хонын,
Дæумæ мын уый рагæй нæ хъуысыд,
Фæлæ ныр куы банцади хæсты
Сармадзанты ниугæ æрвнæрын,
Уæд, сусæгæй риссыны бæсты,
Ды бамбар мæ сагъæс, мæ бæллын.
Зыдтай мын тыхст рæстæджы уарзын,
Чысыл дæр къæмдзæстыг нæ фæдæ.
Тæхуды, куы фестин дæ разы,-
Бæргæ дын фæдзурин мæ фæндтæ.
Мæй ратылдис уалæ йæ рады,
Мæй луары æвзистæй сæлфынæг.
Ды афонмæ бадыс дæ уаты,
Ныккастæ нæ уынгмæ æдзынæг.
Æвæццæгæн, уайы дæ цæстыл,
Нæ сыхмæ дæ хъазтмæ куы ’рхуыдтон,
Мæ бæхыл бæрæгбон уæ рæзты
Куы ’ртахтæн, мæ къух дæм куы тылдтон.
Æнхъæлмæ кæй кæсыс, уый зонын,
Æз дæр дæ æппынæдзух мысын.
Мæ зæрдæдарæн дæ кæй хонын,
Гъеуый дæм Берлинæй куы хъуысы.
1945 аз, Берлин
НАНИТЫ ВАСО
1911 - 1944
* * *
МÆ МАДМÆ
Чысыл нæ фæрæвдыдтай мæн,
Ныр та рæвдауы мæн мæ бæстæ,
Цæмæй æз бафидон дæуæн
Хъæбулау иууылдæр дæ хæстæ.
%
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Мæ баз уыдис дæ фæлмæн къух,
Мæ чиныг та - дæ фæлмæн дзырдтæ,
Æмæ мæ сырæзтмæ æдзух
Ды судзгæ тухиты бæллыдтæ.
Мæхи æмбарынхъом фæдæн,
Ныййарæг мад, ныр дæн дæ дарæг
Æмæ сæрибар адæмæн
Ныр æз нывонд кæнын мæ зарæг.
1940 аз
МÆ ЛЫМÆНМÆ
Ма мын дзур дæхи амондыл,
Ме ’мист кæн дæ къах!..
Бафæдзæхсæм тохы бонтыл
Ныр нæ тыхтæ мах!
Адæмы сæрыл хæцынмæ
Ма фæкæн фæсмон!
Цом-ма не знæгты сæттынмæ,
Скæнæм сын кæрон!
Кæд нæ бафидæм нæ хæстæ,
Уæд уыдзыстæм рох, -
Ног фæлтæрты та нæ фæстæ
Бахъæудзæни тох...
УÆЙГУЫТЫ ÆФСАД
Хæрзбон! Дæу мысдзынæн æз дардæй.
Кæд-иу æрыхъусон дæ хъæр,
Хæсты быдыры-иу дæ уарзтæй
Кæндзæн лæппуйы ныфс дывæр.
Дæуæн мæ зæрдæйы ныхæстæ
Фæуæнт ныфсæн! Хæрын дын ард...
Уыныс, уæйгуыты ’фсад - мæ фæстæ.
О курын, ма мыл кæн æнкъард!
1941 азы 5 июль
%
106~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
НИГЕР
1896- 1947
* * *
ХОЙЫ НЫСТУАН
Дæ сæрвæлтау мæ сæр фæуа,
Мæ мады зæнæг, мæ, -
Æвзыгъд уарийау чи атахт,
Гæрзифтонгæй хæстмæ.
Салам - дæхицæн, де ’мбæлттæн,
Цыдæриддæр ысты -
Кæд, чи зоны, æххуыс вæййы
Чызджы салам хæсты!
Зæгь сын: мах ам æппынæдзух
Уæ кой кæнæм, уæ кой.
Цæвут, цæвут фыдызнаджы,
Цæмæй фæуа сæргой,
Зæгъ сын: мах ам уæ бæсты дæр
Куы кусæм, куы, рæвдзæй.
Нæмыджы хуызæн мах куыст дæр
Ызнаджы риу цæвдзæн.
Зæгъ сын-иу: ам, Ирыстоны,
Куы вæййы искуы хъазт,
Уæд фæндыртæ куы фæцæгьдынц
Уæ тохы зарæг, раст...
Мæ мады зæнæг, м’ ахсджиаг,
Мæ цæсты рухс, мæ бон,
Гыцциимæ дын акодтам
Фæлмæн цъындахæдон.
Церечы згъæр дын басгуыхæд -
Фыдæй дæ бахизæд!
Фыдгулы кард æй ма кæрдæд,
Нæмыг дзы ма хизæд!
1941 аз
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ГЕРМАНЫ ХÆСТЫ ЗАРÆГ
Далæ комы хæрæ мигъ фæзынди,
Æмæ арв ныннæрыд, арв нырттывта,
Судзгæ цæхæртæ зæхмæ куы кæлы,
Зæхх ныррызти, зæхх нынкъуысти, уæдæ.
Уый хæрæ мигъ куы нæ у, хæрæ мигъ,
Уый арв куы нæ нæры мигьты ’хсæнтæй,
Уый арвы ’рттывд куы нæ у, арвы ’рттывд,
Æмæ арвы цæхæртæ куы нæ сты, -
Уый нæм залийаг калм æрбабыры,
Залийаг калм Германы бæстæй,
Авдсæрон маргхæссæг залийаг калм,
Хæлбурцъгæнгæ, хæлбурцъгæнгæ, уæдæ.
Йæ комытæф сау мигъау куы сбадти,
Йæ хъæлæсæй цæхæртæ куы калы,
Йæ сау дзæмбытæй хъæдтæ куы цæгьды,
Хæхтæ куы гæрды, хæхтæ куы халы.
Ой! Фæдис, фæдис, Иры фæсивæд!
Лæгæвзæрст, бæхæвзæрстæй рацæут, -
Тохы бон ыскодта, хæсты дуг æрцыд,
Лæджы сæр бахъуыд, лæджы сæр, уæдæ.
Ой! Фæдис, фæдис, Иры фæсивæд -
Нарты буц цот - нарты байзæдцаг!
Худинаг ма ’руадзæм нæ адæммæ,
Худинаджы бæсты - мæлæт хуыздæр!
1942 аз
МÆЛÆГ ÆФСÆДДОНЫ ФÆДЗÆХСТ
«Хурæргом æрбауа, хауæггаг æрбауа,
Уастæн нæ сафæг, нæ рын!
0, гыцци, о, гыцци, ’нæ цæстыл хæцæгæй
Мæнæ æдзардæй мæлын...
108~~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Дысон мæм тагьд дымгæ сау уац æрбахаста,
Сау уац, мæ ныййарæг мад:
Раппæрста, дам, нын, ра, не знаг нæ сау рæхыс -
Рагон фыдæлты ном, кад.
Фехæлдта, дам, нын нæ къона йæ бындзарæй,
Н’ артыл нын ауагъта дон...
0, мæ ныййарæг, дæ фарн мæм, цæй, ма хъусæд -
Бауæндон дзурын æргом:
Сыхбæсты, хъæубæсты - ничи йæ рафаудта,
Ничи дзы загъта «æвзæр»,
Номджын, хæдæфсарм, хæднымд, уæд куыстуарзаг уд,
Кодта хæдзары та бæр -
Ахæм уыд, гъе, мæ мад, ахæм дæ иунæг чындз,
Афтæ йæ хуыдтай ды дæр.
Иу цъаммар, дам, ын, куы скодта, куы, судзгæ маст...
Бафснайдта, зæгъы, йæ сæр.
Уый дæр ма гъа, фæлæ, о, мæ зынг бахуысс,
Де ’фхæрд та, де ’фхæрд, мæ мад! -
Иу изæр, дам, дæ нæ уатæй дæ дзыккуйæ
Раппæрста расыг салдат...
Мастæй мæ хæд хъуырмæ, судзгæ, цъæх артуадзгæ, -
Афтæмæй ме ’фсургъы фæд
Хæстæн йæ тæмæнмæ, хæстæн йæ цыренмæ,
0, гыцци, бацыди уæд.
Иуырдæм акарстон, иннæрдæм афсæрстон...
Бантыст дæ фыртæн дзæбæх...
Фæлæ йæ ’ндæр æфсургъ рахаста тарф хæстæй -
Мæлæты саубазыр бæх...
Риуыл, мæ риуыл куы сæмбæлди судзгæ ’ндон,
Фæсонтæй ахызт, мæ мад.
Игæры фæрчытæ зæхмæ æркалдысты,
Тугæй мæ алыварс - цад...
109
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ой-джиди, гыцци, дыккаг мард кæд акæнон,
Кæннод кæд ферох уыдзæн
Де ’фхæрд, нæ бæсты ’фхæрд,
не ’дзард фæлтæрты сæфт
Ме ’мхуызон мæрдты æхсæн!..
Зонын, кæудзынæ мыл, зонын - дзыназдзынæ...
Хорз у кæуын дæр, уæдæ!
Йе ’лхынцъ, дам, райхалы, суадзы йæ тыппыртæ
Хъарм цæстысыгæй зæрдæ.
Фæлæ, мæ ныййарæг, асастæн, амардæн
Нал кæны хосгæнæг хос.
Стæй уæд дзыназынæй, дзурынц, фыдæй нырмæ
Никуы фæчындæуыд фос.
Гыцци, Ирыстоны рагæй хуыздæр æгьдау
Хиуыл фæхæцын куы уыд.
Никуы, дам-иу куыдтой, никуы сæ хъæбултыл
Номдзыд мад, схæссæг хорз фыд...
Гыцци, кæуинаг-иу ахæмы куы хуыдтой,
Ницæййагæй чи ’рвыста цард,
Æмæ фыдмийагæй искуы кæмæн æрцыд
Сабыр, æнцадæй йæ мард.
Номджынæй чи фæцард, номимæ чи амард,
Уыдон та рагæй нырмæ
Хъарджыты, мыййаг, мæрдадзы нæ фæмысынц,
Нæ, мæ мад, - байхъус мæнмæ! -
Фæлæ сын зарджыты арынц сæ хорз нæмттæ,
Номы зарæг у сæ цырт.
Хъарæгæй нæ, фæлæ зарæгæй куы кæнынц
Сгуыхт лæгæн ном æмæ цыт.
Хъусыс Хазбийы кой, хъусыс Чермены кой,
Хъусыс Къостайы кой дæр -
Тохы бон, цины бон азæлы алы хатт
Иры сæ зарджыты хъæр...
110
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Гыцци, мæ номæй къæмдзæстыг нæ уыдзынæ -
Æгадæй нæ мæлы дæ фырт.
Уый тыххæй абон мæ тугæйдзаг хъæлæсæй
Ирæн куы дæттын æз дзырд.
Хъарæг мыл ма кæнæд, зарæг мыл азарæд,
Курын, мæ райгуырæн зæхх,
Дзаг хъæлæсæй-иу мыл илæлæй ныккæнæд.
Иры чызджытæн дæр зæгь:
Хъуытазхъæлæс æмæ мырмырагдзых чызджытæ,
Бахъуыд уæ, ба, мардзæ, сæр -
Мæнæ уын быдырты фæндырæй цæгьдинаг -
Фехъусут дардмæ мæ хъæр!
Хъуытазхъæлæс æмæ мырмырагдзых чызджытæ, -
Уе знаг æрбауа сæргой -
Мæнæ уын хохы та уадындзтæй уасинаг...
Уадз, дуртæ дæр хъусой мæ кой!
Ма ку, тыхгæнæг тæригьæд нæ фæзоны, -
Ма ку, мæныстæн, мæ мад!..
Сау дуг, фыд лæг, зæгьы, бирæ нæ фæхæссынц -
Бирæ нæ вæййы сæ рад!
Додой йæ къона - рæхджы бон сæргой кæндзæн,
Баууæнд мыл, баууæнд, фыдгул!
Æмæ та ногæй нæ хæстнад Ирыстоныл
Ракæсдзæн, ра, уæдæ, хур!..
Гыцци, куы цыдтæн, уæд авдæнæй бахудти
Саби, - ныххатыр мын кæн...
Адджын, дам, куы вæййы, адджын фырты фырт дæр -
Бабæззын æй кæн лæгæн.
Ракæндзынæ йын йæ мад, уæд йæ фыды кой -
Дарæд нæ хъуыдцаг зæрдыл.
Аккаг куы скæна уый искуы цагъары цард -
Ма фенæд хур бон бæстыл!..
" ИГ
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Хауæггаг æрбауа, удæнцой ма фена,
Уастæн, нæ сафæг, нæ рын, -
Ацы рухс дунейы мах чи нæ бауагъта
Адцжын бинонтæй цæрын!..
1943 аз
ХÆСТЫ БЫДЫРÆЙ
Хæствæлладæй
æз искуы ’нцад куы ’рбадын,
Мæ нывæрзæн
куы акæнын цъæх дур,
Мæ фынтæ мæм
куы ’рбауайынц чыргай,
Уæд мæм дæ ныв
куы ’рбадавынц, дæ хуыз,
Мæ ныфс, мæ тых,
мæ царды рухс, чызгай!
Куы скæсы хур,
куы ’рнывæнды йæ тынтæ,
Уæд дæр дæ хуыз
куы фæзыны сæ хæлтты,
Æмæ уæд дард
куы алидзынц мæ зынтæ,
Мæ сæнттæ мæ
куы ахæссынц уæлæрвты
Æмæ уæд цард
куы фæвæййы мæ хай,
Мæ ныфс, мæ тых,
мæ царды рухс, чызгай!
Мæ фазыл тагъд
куы фæцæйбырын знагмæ,
Йе æз, йе ды,
зæгъгæ, куы ’рцæуы афтæ,
Мæ адзал уым
куы ’рбалæууы мæ фарсмæ,
Мæ удмæ мын
куы ’рбацæйуайы кафгæ,
Æмæ æртах
куы ауынын мæ разы, -
~П2~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Уæд дæр дæ ныв
йæ дондзасты фæхъазы.
Æмæ та цард
куы фæвæййы мæ хай,
Мæ ныфс, мæ тых,
мæ царды рухс, чызгай!..
Цы нæ вæййы -
куы ’ркæла туг мæ рустыл,
Æмæ гъе уый
куы ’рцæуа, куы, дæ хъустыл
Æмæ дын к’ уа
хæрз зын, цыфæнды зын,
Уæд дæр-иу мæм,
мæ царды рухс, фæзын!.
Фæзын-иу мæм,
мæ цæфтæ-иу мын бабæтт
Дзæбæх, бæстон
дæ фæлмæн къухтæй ды,
Æмæ мын уæд
фыдгулы цæф нæ рисдзæн, -
Сæ бæттæн сын
сæ рис йæхимæ исдзæн,
Æмæ та уæд
ыслæудзынæн мæ къæхтыл...
Фæлæ, мыййаг...
Куы ахауа мæ къабаз,
Фæлæ, мыййаг...
Куы рахауа мæ цæст,
Куы цæуа цъæй
мæ хъустæ ’мæ мæ фæрстæй,
Гуылмызтæй дæм
куы ’рцæуон, йе цæнкуылтæй, -
Уæд дæр-иу мыл
уæлæхох ма су, ма,
Æмæ-иу мæ
бынтон рохуаты ма уадз:
Кæн-иу мæм, цæй,
фæлмæн ныхас æрмæст,
Æмæ-иу мæ
ма фæнæм дæ цæстæй.
~ 113
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Æмæ уæд дæр
уыдзæни цард мæ хай,
Мæ ныфс, мæ тых,
мæ царды рухс, чызгай!..
1943 аз
ПЛИТЫ ХАРИТОН
1908- 1966
МА КÆН ХЪЫГ!
Арв йæ цæстысыгтæ ызгьалы,
Хæхтæ ’рхæндæгæй кæсынц.
Уыдон мын, мæ зæрдæдарæн,
Цæстыл ауайын кæнынц -
Ды цы ставд цæссыгтæ уагьтай,
Тохмæ æз куы цыдтæн, уæд.
Ды дæ сæр цæмæн æруагьтай?
Ды цы кодтай сагъæс, мæт,
Кæд æмæ нæ фыдыбæстæн
Не знаг судзгæ маст хæссы?
Кæд йæ маргæй зæхх фæхъæстæ?
Кæд уæззау рисæй хъæрзы?
Ма кæн хъыг, мæ цæстыгагуы!
Нæу мæм, нæу, цæссыг æмхиц.
Тагьд фæтых уыдзыстæм знагыл,
О мæ зæрдæйы бæллиц!
Уæд рæсугъд цъæх арвы фурдыл
Мæй куы фæкалы тæмæн,
Афтæ та дæ буц уадултыл
Хъаздзæн циндзинад дæуæн.
1942 аз
114 ~
ÆРДХÆР/ЕНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
НЫР ЦЫ УРОМЫ ХÆСТОНЫ!
Тымыгь сыстад, тымыгь ниуы,
Уайы, футгæнгæйæ рагъыл...
Мит, зæйау, рæдзæгьдтæй схъиуы,
Арф хъæпæнтæ ’вæры дагьыл.
Уад йæ разæй мигьты суры,
Арв æврæгьты тæнтæ стигьы,
Уад ыстонг сырдау лæбуры,
Уад зырнау ныззилы тигътыл.
0, уæдцæр хæстоны зæрдæ
Фестад арт, - нæ тæрсы уадæй.
Уый æрбаста рæвдз йæ гæрзтæ:
Уый - хæрзифтонг топпæй, кардæй.
Ныр цы уромы хæстоны!
Уый бырсы, хъæпæнтæ ссæндгæ.
Йе стыр маст йæ риуæй тоны,
Сар сæ сæр кæндзæни знæгтæн!
СИДЗÆР САБИ
Æрттивы ма стъалы цъæх арвыл,
Сæуæхсид æрвгæрæтты ссыгьд.
Дон узы йæ уылæнтæ дардыл,
Фæллад æрдзы хуыссæг фæлыгьд.
Хъæу судзы, цъæх пиллон ыскалы,
Цæнгтæсастæй бæлас лæууы.
Бæгьæввадæй иу саби згьалы
Йæ цæссыг, хæкъуырццæй кæуы.
Æргъæвст цъиуау уазалæй ризы,
Ыстонгæй фæлмæцы, тыхсы.
Йæ мадыл йæ сонт зæрдæ риссы,
Æмæ йæм æнхъæлмæ кæсы.
Нæй уынгты æппындæр ызмæлæг,
Хъæу - афтид, пырхытæ, æнкъард.
Ызнаг æй фæкодта æдзæрæг.
Уым бабын и сабийы мад.
"115"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Куыдз кæрты æмбуйæ нынниуы,
Æрбайхъуысы сау сынты уаст.
Ыссудзы мæ зæрдæ мæ риуы,
Ызнæгтæм фæтоны мæ маст.
1942 аз,
Суворовскы хъæу
ДИДИНДЖЫТÆ
0 рæсугъд, сырх дидинджытæ,
Калдтат хуримæ тæмæн.
0 цыкурайы фæрдгуытæ,
Сабийæ рæвдыдтат мæн.
Раджы-иу уæм æз фæраст дæн,
Уе ’ртæх-иу сындæггай тад.
Цингæнгæ уæм æз куы кастæн,
Уæд уæ фендæй зæрдæ рад.
Ныр тæхы фæдисы уадæй
Тохы быдыры мæ бæх,
Хъуамæ бахизон ызнагæй
Æз нæ райгуырæн, нæ зæхх.
0 рæсугьд, сырх дидинджытæ,
Буц уыдыстут, буц, кæддæр.
Калдта хур мæныл йæ тынтæ, -
Амондцжын уыдтæн æз дæр.
Ныр мæ бæх сымах ыссæнды,
Сидзæрхуыз куы у уæ каст,
Мæн уæ бафхæрын нæ фæнды,
Фæлæ ма ракæнут хъаст!
Ацы карз хæсты цæхæртæй
Знагæн басудздзæн йæ сæр,
Æмæ та уæ зæлдаг сæртæй
Буц рæвдаудзыстут мæн дæр.
1942 аз
ч
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ДЫУУÆ ЦÆССЫДЖЫ
Сæууон стьалы тади, ныффæлурс и мæй,
Хæствæлладæй кодта æнкъард хъæу фынæй.
Æхсарджын, лæгдыхæй мах размæ бырстам,
Ызнаджы ыссæстам, ызнаджы сырдтам.
Хæстонты зæрдæты сыгьд масты цæхæр,
Ныннæрыди дардыл нæ зарæджы хъæр.
Уæладзыгæй махмæ æнкъардæй æваст
Хъырымæй æрбафтгæ рæсугъд чызг æркаст.
Ысуынгæг йæ зæрдæ, йæ цæссыг æркалд,
Дыууæ гагайы дзы мæ русыл æрхауд;
Дыууæ гагайы мын мæ уадул сыгътой,
Дыууæ гагайы мæ нæ уагътой æнцой.
Кæд цинæй уыдысты?.. Фырмæстæй куыдта?
Кæм сæ хатыд зæрдæ!.. Кæцæй сæ зыдта!..
Æсдзырдтон æз чызгмæ: «Фæуром дæ маст!
Цы ’рбаци, мæ къона, дæ худын, дæ хъазт?
Дæ цæссыгтæ ма згьал! Цæмæн кæныс мæт?
Ыссардзæн фыдызнаг рæхджы бон мæлæт.
Дæумæ та ныххуддзæн дæ райгуырæн хъæу,
Йæ сæрæй дæм кувдзæн сырхæфсир мæнæу,
Дæ хæстон æмбал дæ рæсуг доны цур
Йæ уарзон ныхæстæй рæвдаудзæн, мæ хур!
Кæсдзæн уæм цъæх арвæй цæлхыдзагæй мæй,
Фæдзурдзыстут иумæ, - цы федтат зынтæй.
Цæй, ма ку, мæ къона, цæй, мауал кæн хъыг!
Дæ уадултыл ма згъал дæ судзгæ цæссыг!
Дæ цæссыгтæ махæй нæ уыдзысты рох,
Уæззау хæсты карздæр уыдзæни нæ тох!»
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КДЦÆН
ФÆМЫСЫН ÆЗ
Кæд тохы бон, мæ хуры тын,
Фæхицæн ыстæм мах, -
Цæмæй зоныс, дæ бахудт мын
Æхсæв кæй у цырагь!
Зын раны ис Фыдыбæстæ,
Ысирвæзт ыл цæхæр.
Ныссæтдзыстæм уæззау хæсты
Фыдызнагæн йæ сæр.
Нæ уарзонад нæ тайдзæни,
Нæдæр кæндзæни тар,
Нæдæр æй дон фæласдзæни,
Нæдæр æй судздзæн арт.
Куы рараст дæн нæ урс хæхтæй,
Фæдисы Терк куы тахт, -
Æрхæндæг æмæ къулсæрæй
Дæ цæстысыг æртагъд.
Фæмысын æз дæ уарзон каст,
Цæсты тыбар-тыбур.
Дæ буц ныхас, дæ судзгæ маст,
Мæ ахсджиаг, мæ хур!
1944 аз
ПЛИТЫ ГРИС
1913- 1999
ЦОМ, ФÆЦÆУÆМ
Уæ мæ хæлар, рабад, райс дæ гæрзтæ!
Нал ис бирæ сагъæстæн рæстæг, -
Сиды, хъус-ма, сиды нæм нæ бæстæ,
Сау фыдгул æрбабырста хæстæг.
Цом, фæцæуæм не знагæн йæ размæ.
Риуæй йын æрæхгæнæм йæ фæд:
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ды куы ’рлæууай саг лæгау мæ фарсмæ,
Ме ’хсар дæр тыхджындæр уыдзæн уæд.
Калммарджытау сау хæсты, мæ лымæн,
Не знæгты бындзагьд кæнынмæ цом !
Абон лæг цы нæ сараза, уымæн
Ахæм афон нал уыдзæни сом.
Мах къухæй куы фæуой цагьд фыдгултæ,
Бакæндзыстæм не стыр хæс æххæст,
Мады хæрзтæ бафидæг хъæбултæ
А зæххыл уыдзыстæм мах æрмæст.
Уæдæ райс уынгæг тохмæ дæ гæрзтæ
Æмæ ма кæн хи цæрыныл мæт!
Дзыллæйæн цæуыл хæцынц йæ хæрзтæ,
Уый раз циу нæ дыууæйы мæлæт?
1941 аз
ХÆЦÆНЫ
Ныммæйдар хæцæн æмæ мигъы
Ныссабыр рох ингæнау раст,
Æрмæст ма сыгьд бæласы хихыл
Фæцæуы тарст сынты цъæхахст.
Мæ хур, кæд никуыма фæтарстæн
Нырма мæлæты раз, уæдцæр
Ныр ам æнæнцой сынты уастæй
Мæ зæрдæ баризы куыддæр...
Фæсабыр хæст, фæхъус йæ дымгæ,
Фæлæ та бон куы скæса, уæд
Цæрæццаг адæмты кæрдынмæ
Йæ цæвæг райсдзæни мæлæт.
Кæндзæн уым бирæ къона уазал,
Уым бирæ фиддзысты сæ хæс...
Æлгьыстæй зындоны дзыназа,
Цы лæг æрымысыди хæст!..
Бон арвыл йе ’нкъард балц куы фæци,
Уæдæй фæстæмæ мах тæссаг
"119 "
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Нысанæн агурæм кæрæдзи -
Æз æмæ сау фыдзæрдæ знаг.
Кæй хал нæ схаудзæн - чи йæ ’мбары?
Кæй мард нæ не ссардзæн ингæн? -
Йæхи гæрзифтонг алчи дары:
Æз уый нысан дæн, уый та - мæн.
Мæлын та иуы дæр нæ фæнды,
Фæлæ æрцыд æппæрст нæ хал...
Ныр махæй алчи дæр нывæнды
Йæ зæрды иннæмæн адзал:
Уый сласта кард, æз - ме ссад хъама,
Нæ иу ныр нал фæцæудзæн дард...
Уынгæг тох ралæууыди, - хъуамæ
Нæ иуæн аскъуыйа йæ цард.
Æмæ ныммæйдар хæцæн мигъы,
Ныссабыр рох ингæнау раст.
Æрмæст ма сыгьд бæласы хихыл
Фæцæуы тарст сынты цъæхахст.
ххх
Бон ирд кæны. Рæхджы - атакæ...
0 рæстæг, иу цъус-ма фæлæуу! -
Салдаты цард цыбыртæ ма кæ,
Уæдцæр уый ахæм даргъ куы нæу!..
Салдат... Хъæлдзæг хуызы дæхиуыл
Бæргæ ныххæцыс, фæлæ кæм! -
Фæрчытæ хауы зæрдæ риуы:
Рæхджы уынгæг бырсты цæуæм...
Мæ хур, сæттын дын ыл æргомæй,
Мæ туг-хъæдгæмттæй ард хæрын:
Нырма мæм ацы уынгæг бонæй
Рæсугьддæр никуы каст цæрын!
Фæлæ фæстæмæ здæхгæ нал у
Мæлæтдзаг, цардарæн хæстæй:
Нæ иуæн туджы ’хсидгæ малы
Æнæ фæхуыдуггæнгæ нæй.
Куы нæ ныххурх кæнæм æрмхæсты
Цыфыдцæр сау знаджы, уæд нын
120 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Нæхи ныххурх кæна, нæ бæстæ?
Цæрдудæй бакомон сæттын?
Мæ басаст айхъуыса хæцæнæй? -
Фæлтау, куыдфæнды дæр мæ ’фхæр,
Фæстæмæ раздæхæн кæцæй нæй,
Раст уырдæм ахауæд мæ сæр!
Хатыр нæй ацы хæсты, хъуамæ
Фæуа быныскъуыд не знаг тагъд.
Мæ фæдыл чи зылд дысон, - хъама
Йæ риуы фистонмæ ныссагьд.
Тыхджын уыд сау æлгьыст, нæ састи,
Фæлæ йæ нал бахъуыди сынт:
Лæгмæ цы сырд цæстытæй касти,
Ныр уыдон уартæ къахы сынт...
Йæ сæфтæй бафтдзынæн æз цардыл,
Мæ къух уæлахизыл фæхæст...
Æнусмæ арфæйаг уа, бартыл
Цы лæг æрымысыди хæст!
Ныррызти зæхх... Бырсынц æнгомæй
Нæ хæстæфхæрд бæсты цæуæт, -
Сæ фарсмæ слæууыдтæн дæ номæй,
Мæ Ир, æмæ дæ ма уæд мæт:
Мæнæй нæ уыдзынæ къæмдзæстыг,
Сыгъдæг у ме ’фсæддон цæсгом,
Æгад нæ фæкæндзынæн хæсты
Рæсугьд ирон дзыллæйы ном.
1942 аз
РАЗЫСГÆРСТЫ
Цардæй мæлæты ’хсæн ц’ ауæдз и,
Ууыл æз ахсæв хъуызын,
Ме хæс, цы зын дæ, цы зын!
Знагимæ карз хæст нæма фæци,
Æмæ йæм ахсæв хъуызын...
Ме ’хæс куы скæнин æххæст!
Науæд нæ фæуыдзæн хæст, -
122"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Цас ма бæгьатыр туг акæлдзæн!
Цал ма та къонатæ байхæлдзæн!
Фæлæ куы рауаид
Ахсæв мæ куыст -
Не знаг æрбауаид
Тагьддæр зынгхуыст.
Ма асæтт къæхты бын, хус къæцæл,
Бамбæхс мæ д’ аууоны, хъæд;
Лæгьзмæ мæ ма ахон, фæд, -
Лæгъзы мæ ме знаг ныррухс кæндзæн,
/Емæ хæрзсæфт кæнын уæд:
Не суыдзæн ме хæс æххæст,
Æмæ нæ фæуыдзæн хæст.
Цас ма бæгьатыр туг акæлдзæн!
Цал та ма къонатæ байхæлдзæн!
Фæлæ куы рауаид
Ахсæв мæ куыст,
Не знаг æрбауаид
Тагъдцæр зынгхуыст.
0 рухс мæй, тар мигьæй ма раздæх,
Талынг у хъузон мæнæн;
0 халон, ма схъæр кæн мæн:
Сау фыдгул райхъал уыдзæн,
Не суыдзæн ме хæс æххæст,
Æмæ нæ фæуыдзæн хæст.
Цас ма бæгьатыр туг акæлдзæн!
Цал ма та къонатæ байхæлдзæн!
Фæлæ куы рауаид
Ахсæв мæ куыст, -
Не знаг æрбауаид
Тагъддæр зынгхуыст.
0 мæлæт, нæмгуыты ма рахъаз
Дардцæр мæ фæндагæй лæуу, -
Д’ амæттаг ныр мæ сæр нæу.
О амонд, ракæ мын фаг ахъаз, -
Зарæгæн равзарон дæу!
Скæндзынæн ме хæс æххæст,
Æмæ фæуыдзæни хæст.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Нал кæлдзæн, нал, уæд бæгьатыр туг,
Æмæ та ралæудзæн сабыр дуг.
Рауайдзæн, ауыдзæн
Цардхос мæ куыст! -
Не знаг æрбауыдзæн
Райсом зынгхуыст.
ТЫХСТЫ САХАТ
Тагъд та бырсдзыстæм, уыдзæнис атакæ,
Цасыл ныттар уыдзæн бон!..
Цардмæ фæстаг каст дæ хъуыдыты акæ,
Балвас та фидар дæ рон...
Уæдæ æрвылбон мæлæты раз тасыл
Ахуыр куыд нæ кæны лæг! -
Алы хатт байдайы зæрдæ дзыназын,
Дуне та свæййы уынгæг.
- Гъей-джиди, - афтæ йæхицæн фæзæгъы, -
Фарн та йæ уагыл лæудзæн,
Æмæ нæ фæстæ цы лæг цæуа зæххыл,
Уый цард куыд рæсугъд уыдзæн!
Амонд æй тавдзæн йæ райдзаст Цæдисы,
Амонд ын калдзæн тæмæн...
Диссаг: мæ хъæдгæмттæй иу дæр нæ риссы
Уыцы хъысмæты нывæн.
Чи зоны, дардыл æгæр-æгæр дзурын,
А уысмыл райдайдзæн хæст.
Æмæ уæ, ме ’мбæлттæ, а тыхстæй курын
Иунæг хæрзиуæг æрмæст:
Иумæ куы бадат æмæ мæ уæ разы
Худгæ куы нал уынат сом,
Курын, æмæ мын уæ сабыр ныхасы
Ма ферох кæнут мæ ном.
" 124"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Фестдзæн мын уыцы ныфс базыртæ тыгъды,
Уадз æмæ мемæ цæра!..
Уартæ ракетæ атакæмæ ссыгъди...
Баззайут хорзæй!
Ура!..
1944 аз
ПЛИТЫ ЗАУЫР
1916- 194(?)
Дымгæ сау мигъты фæтæры,
Арв ныннæрыди кæмдæр.
Мæнæ Сау денджыз уынæргьы,
Хæхтыл анæры йæ хъæр...
Хойы стыр уылæнтæ дурыл,
Раст цæф домбайау хъырны...
Уылæн уылæны фæсуры,
Уылæн айнæгмæ тырны.
Денджыз абухы, дзыназы,
Скъуыры айнæгыл йæ сæр,
Фæлæ сау айнæг йæ разы
У æнæцудгæ, хъæбæр.
Дымгæ сау мигъты фæтæры,
Арв ныннæрыди кæмдæр...
Денджыз абухы, уынæргъы,
Хæхтыл анæры йæ хъæр.
1939 аз
* * *
Гъей, æрттив, ыстъалы,
Арвы риуæй фаг!..
Амон мын мæйдары
Сау чызгмæ фæндаг!
Гъæйтт-мардзæ, мæ сау бæх,
Бахъуыди дæ сæр!..
~\25
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Уарийау мын атæх
Ацы хорз изæр!
Æз цæуын мæйдары, -
Бакæнон хъуыдцаг!..
Гъей, æрттив, ыстъалы, -
Амон мын фæндаг!..
1940 аз
* * *
Уайсадæг чындзау та дымгæ мæ хъусы
Сусу-бусу кæнын систа куыдцæр...
Ногдзыд кæрдæджы сывæллонау узы,
Комæй æрбадавы суадоны хъæр...
Арвыл фæстаг мигъ мæ сæрмæ фæтайы...
Стъалыйæн сæрттывта арвæй йæ тыл...
Ахæм изæрты кæй зæрдæ нæ райы
Ахæтын фæндыры амонæнтыл!..
1940 аз
САУКУЙТИ ХАСАН
1921 - 194(?)
* * *
УАРЗОНДЗИЙНАДÆ
Ци уæззау дæ, ци тухгин дæ,
Ци федар дæ, ци къæдзæх!
Ци рæуæг дæ, ци фæлмæн дæ,
Ци хæлар дæ, ци дзæбæх!
Ехх, ци маст дæ, ехх, ци марг дæ! -
Арти содзун - æнцондæр...
Ци адгин дæ, ци сатæг дæ!
Уоди хуасæ - дæ уæлдæф...
1938 апз
ч
126""
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
САУЛОХТЫ МУХТАР
1915- 1946
ХÆСТОНЫ ЦУАН
Хъуыстис ма ыстæм гæрæхтæ,
Знаг нырма йæ туджы ’вдылд,
Мæнæ ’рталынг ысты хæхтæ,
Уæлæ арвыл мæй ыстылд.
Зæххыл сау æндæрг фæзынди,
Знаг нырма йæ туджы ’вдылд,
Уый бæрц хъызттымыгъ нæ уыди,
'Хсæвы ирдгæ кодта ’рмæст.
Тынг фæндыди мæн æрфынæй,
Фæлæ хуыссæг дæр фæлыгъд:
Лæг æрра вæййы мæстджынæй, -
Арф хъуыдытæй зæрдæ сыгъд.
Загътон: «Фрицы кæнæ гансы
Æз нæма ’рцахстон нырма».
Араст дын дæн уæд æз балцы.
'Хсæвы цæст мæ дард хуыдта.
Афтæ ’нхъæлдтон, цыма цуаны
Æз сырды фæдыл цыдтæн,
Фæлæ ’хсæвы цæст цы уыны?
Уæгъды ’гас æхсæв зылдтæн.
Бон цъæхтæ куыд кодта, афтæ
Тархъæдмæ ныфтыдтæн раст.
Гæмæхты цыдтæн æз хъавгæ,
Знæгты ’рдæм уыди мæ каст.
Уалынджы фæкастæн, уæртæ
Æрх-æрх иу чидæр хъуызы.
Тархъæды фæдæн йæ размæ,
Федтон: дзодайыл тындзы.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Уæд фæтынг кодтон мæ уæнгтæ,
Бæласы фæстæ лæууын.
Бафистæг кодтон мæ цæнгтæ, -
Фрицы ’рцахсынмæ бæллын.
Къахдзоныгътæ миты ’рсагътон,
Мæнæ м’ амæттаг фæзынд...
Маргъау ыл мæхи ныццавтон, -
Арф миты мæ быны стылд...
Фесхъиуы, риуыгъы къахæй,
Ахст сырдау нæты, хъæрзы;
Баст куыдзау хæцы дæндагæй,
Калмау мæм ныхмæ лæууы.
Фиппайдтон, тых ыл кæй кæнын,
Фæлæ нæй, уæдцæр нæ саст,
Куы йæ быны дæр фæвæййын...
Тынгдæр сыхсысти мæ маст.
Ацахстон йæ къухтæ знагæн,
Зæххыл æй ныххуырстон тынг...
Цæй, куыд барстаин хъæддагæн! -
Фырнадæй мæ къух нындзыг.
Ратыдтон йæ гæрзтæ фрицæн,
Хæлы, фескъуыйы йæ маст.
Йе ’мбал тугхорæн фæхицæн...
Туджджыны цæстæй мæм каст...
Загътон: «Лидзын кæд фæлгъауай,
Зон, уыдзæнис дын фыдцæр!
Исчердæм чысыл фæзилай, -
Додой мын кæны дæ сæр!»
Къахдзоныгътæ ’рбастон иумæ,
Рауад дзоныгъæй хуыздæр.
Уым æрифтыгътон мæ сырды,
Уый хъуыр-хъуыр кæны цыдæр...
128"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Иу сæнт хъæр дын ыл фæкодтон,
Йе ’мбæрцæй фæхауд хæрдмæ.
Хæдæхс дын æм æз ныдцардтон,
Загьтон: «Уайгæ, хъус мæнмæ!»
Цъиусурау мæ уый рæуæгæн
Дзодайыл ыскъæфта тагьд.
Лидзын хорз æнтыст мæ лæгæн,
Нал кодта ныр мемæ загьд.
Афтæ ме ’мбæлттæм дзæбæхæй
М’ амæттаг æрласта мæн,
Донау уад йæ хид йæ ныхæй,
Фидар уыдис - раст хæссæн.
Фрицы ме ’мбæлттæ куы федтой
Уым æнцъылд цæстæй, къæдзæй,
Худæгæй сæхи уæд мардтой, -
Фарстой мæ: «Куыд уыд, кæцæй?»
Ард сын бахордтон Хуыцауæй,
Баууæндут, зæгъын, мæныл:
Тынг æхсызгон у фæлладæй
Ахæм хъусджыныл цæуын.
ТАБОЛТЫ ХАДЗЫМЫРЗÆ
1921 - 194(?)
• • •
цин
Цинæй зæрдæ кафы,
Цинæй - дзаг мæ риу.
Цинимæ мæ зарæг
Ныр бынтон куы сиу.
Хъæлдзæг бæстæ зары.
Арвмæ хъуысы хъазт.
Цæй-ма, ахæм дуджы
Чи базондзæн маст!
129 ~"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Худы, зары хъæлдзæг
Ног дуджы фæлтæр.
Уыдонимæ абон
Цин кæнын æз дæр.
Чи бауæнддзæн абон
Махимæ хæцын!
Уаритау цъæх арвыл
Арæхсæм тæхын!
АРД
Фыдрæстæг, саутухи нæ федтон.
Æхсарджын риуы фаг у цин.
Мæ ном хъæздыг царды: советон, -
Сæрыстыр, барджын гражданин!
Уæрæх, колхозон дзаг быдыртыл
Хур тауы рухс тынтæй цæхæр.
Домбай, хъæбатыртæн сæ цытыл
Ныззарын хъæлдзæгæй æз дæр.
Нæуæг, хъæздыг царды гуылфæнты
Æз аккаг тохгæнджытæй дæн.
Мæн дæр Октябыры уылæнты
Ныййардта ’хсидгæ дуг фыртæн.
Фæйлау, мæ райгуырæн, мæ бæстæ -
Уадз, хауа тугдзыхтæн сæ цæст!
Дæ размæ сау лæппу йæ хæстæ
Цытимæ скæндзæни æххæст.
Сæ амондыл уæрæх дзыллæтæн
Мæ хъæлæс сисдзынæн бæрзонд.
0 Райгуырæн! Дæ сæрыл тохæн
Мæнæн мæ рæзгæ цард - нывонд!
1939 аз
"~130~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ТАУИТТЫ ДЗЕГУТ
1921 - 1944
* * *
ФЫЦЦАГ НЫХАС
Мæ уарзон, мæ бæстæ,
Мæ ныййарæг мад,
Бæркадджын - дæ фæзтæ,
Сæрыстыр - дæ кад.
Мæ фыццаг ныхас дын
Зæрдæйæ зæгьын:
Дæ сæрвæлтау тохмæ
Цæттæйæ лæууын.
1939 аз
ТЕТЦОЙТИ ТАЙМУРАЗ
1922-2010
* * *
* * *
Мæ цæргæбæнтти зæрдинцойнæ,
Ме ’взонги авдæнæ, мæ бон,
Уогæй идарди, фурæхсицгæ,
Æз дæу мæ фуни фæууидтон:
Бæлæсти буни, заргæ-заргæ,
Бадгæй, сундакъæ æлвистай,
Æма дæ бурдæндзæрдæ фурти
Æд уарзт, æд цийнæ имистай.
Имисун де ’вуд рæвдудадæ
Æдзох мæ зæрди æфтуис, -
Æгьатир тугьди гъезæмари
Мæ уодæн адгиндæр кæнис.
Æнкъард цæмæн дæ, о мæ мадæ?
Мæнæн мæлæтæй ци тæрсис?
~ 131 "
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Дæ цæстисугтæ ци æркалис?
Мæнмæ фæлладæй ци кæсис?
Æз зонун, зонун, мæ нийерæг,
Фурт куд зунаргь æй, уой дæр, фал
Нæ Фидибæсти сæребарæн
Нæййес æнсæр аккаг æмбал.
Мæ уæлахези Фидибæсти
Фурберæуарзун æз, дæуау,
Æма æ сæрбæл, багьæуаги ,
Фуртау уодзæнæн сæрбæлтау.
1941 анз
ДÆУМÆ
Дæ хæццæ кафун фиццаг хатт,
Фиццаг хатт кафун цийни гьазти.
Нæ кæрæдземæй на ’н æнцад,
Тæлфæн æфсæрмæй нæ фенгасти.
Мæлæти уæнгæ еузæрдон
Кæд æнæййевгæ берæ уарзæн,
Уæдцæр фурæфсæрмæй, æргом
Нæ уарзт исдзорун нæ фæразæн.
Нæ кæрæдземæй ку хизтан
Æргом арази нæ фенбæлди,
Уæд тугъди гьæртæ фегьустан
Фиццаг ракафти, æнæ ’нгъæлти...
Хæссун ныр тохмæ дæ фенгаст,
Дæ уарзт, дæ зæрди гьардзийнадæ
Цæвун не знæгтæбæл нæ маст, -
Йæ рист, нæ зин æд æлгъистадæ!
Ма уо, имисгæй мæн, æнкъард.
Ду уо зæрдтагдæр, уо райдзастдæр!
Нæ уарзтбæл ратдзæнæн мæ цард,
Сæрибарæбæл ба - мæ уарзт дæр!
1941 анзи август
ч
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Цума тугьд æппун некæд адтæй,
Æма нæ ’й, уотæ, - æвæллад,
Нур æвеппайди æринцадæй,
Куд - еу фæгьгьосуй хаттæй-хатт.
Алке имисуй æ гьæубæстæ,
Æ уоси, кенæ æ зæнæг,
Æз ба - дæу, о мæ хъоппæгь цæстæ,
Мæ нарæг, астæу, мæ гирдздзæг!
Мæ сæнтти уотæ æнæ ’нгьæлти
Акъопмæ ’ртæхис, æцæгау,
Дæ уорс тæнæг сæрддон хъæппæлти,
Аргьауи базургин кизгау...
Дæуæн не сонбæл æз фæдздзорун,
Дæ сæр æруадзис мæ уæлхъур,
Дæ боц цæгьдтæлтæй дин фæккорун,
Ду райсис арæхст дæ фæндур...
Æз дин дæ уарзти цийни зартæй
Ци зар бауарзтон уæд фулдæр,
Уой мин фæцæгьдис, ку æнкъардæй,
Ку зелæн цагьдæй идзулдæр...
Мæнæн де ’нгасæй æгæссадæ
Мæлæти цори фæззæгьис,
Фæстугьди ’мбæлди адгин батæ,
Хъуритæй зæрдæ æвæрис.
1942 анз
ФÆХХЕЦÆН
Цæуис нæхемæ... Æнæ дзоргæ
Лæууæн, фæсхилæ æнгартау.
Сæнттæ, гьудитæ ба, артау
Цæфсунцæ реуи, дзурд агоргæ.,
ш
~133—
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ирæфи били цъæх зæлдæбæл,
Бæлæсти буни хаттæй-хатт,
Æрбалæудзæнæй дæ зæрдæбæл
Тугъдон салдати цогæ цард, -
Æмбали бонгин уарзонадæ,
Æнæ фæккеугæ зæрди сконд,
Æнæфехалгæ тохи кадæ, -
Зæрдтаг лимæнти хуарз амонд,
Тæссагдæр зинти нæ Цæдеси
Никки зæрдтагдæр ке уарзтан,
Æма ин тохи карз фæдеси
Нивонд нæ сæртæ ке хастан,
Æнауæрдонæй, лæгдзийнадæй
Налат æзнæгти куд састан,
Уæлахезади турусатæ
Нæ карди комбæл ке ’рхастан!
Ду фæууиндзæнæ нæ цъæх нæутæ,
Бæлæутти къуари испæррæст.
Идзулд кæрддзæнæ сурх мæнæутæ
Фæстугъд, æд цийнæ, авд æнтæст!
1945 аиз
МÆ МАДÆМÆ
Æфтиуис æхсицгæ мæ зæрди
Æдзохдæр, мæ мади зæронд!
Нæ бæстæ имисгæй, изæрти
Дæ рæвдуд фæххонун амонд...
Æз тохи фæдеси ку уадтæн
Тæссагдæр ку адтæй мæ над, -
Ду гъеуæд æрмæстдæр фæлладтæ,
Дæ ристæн нæ ергæй бунат.
Дæ фурт кæд мæлæтбæл æнбалдæй,
Кæд есгæд уазалæй ризтæй,
" "134~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Фудцæфтæй æ тог кæд фæккалдæй,
Æрмæст уæд дæ зæрдæ ристæй.
Мæ фарсмæ, аууонау, ду цудтæ,
Мæлæт ми еуварсмæ сурдтай,
Мæ цийни - фырцийнæй искудтæ,
Мæ масти ду кодтай катай...
Еу уарзт æз æвзарун, нæ зонун,
Ци хуннуй, фал карз æй æгæр:
Мæ бæсти мæ мадæ фæххонун,
Мæ бæстæ фæххонун дæу дæр!
Æма уæ мæ бон нæ ’й, æцæгæй,
Мæ зæрди фæххецæн кæнун, -
Уе ’ной мин дуйне дæр унгæг æй,
Уе ’ной мин цагъарау - цæрун...
Æвæдзи, æ мадæ ка уарзуй
Зин бони, æхсицгæ, дæуау,
Е алли тухстæн дæр фæразуй
Æ мадæ, æ бæсти фæхъау!...
1946 анз
ТОХТЫ ИВАН
1920 - 1983
* * *
МÆ ЗÆРДÆЙЫ УАГ
Æз равзæрстон царды
Гуыргъахъджын фæндаг,
Уым бахсыст, ысфидар
Мæ зæрдæйы уаг.
Æз - адæмы хъæбул,
Советон бæстаг.
Уæлахизтæм тырнын -
Мæ зæрдæйы уаг.
135
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Зæрин хур нывæнды
Æрттивгæ зæлдаг.
Зæрин хурыл барын
Мæ зæрдæйы уаг.
Фæллойы бæркæдтæй
Нæ рæбынтæ - дзаг.
Нæ адæмæн кусын -
Мæ зæрдæйы уаг
Тæхуды, мæ зарæг
Куы кæнид зылланг, -
Хæлар сын куы фæуид
Мæ зæрдæйы уаг.
СУАДОН
Суадонæн бадын йæ былыл,
Хъусын йæ зæлтæм æнцад, -
Уылæнтæ сабыр фæд-фæдыл
Уайынц хæл-хæлгæнгæ дард.
Хъазы тæмæнæй йæ риуыл
Арвы сызгъæрин фæлыст
Æмæ ысныв кодта иууыл
Ацы рæсугьд бæсты хуыз.
Гъей-джиди, уыйау куы гуырид
Риуæй мæнæн дæр мæ зард,
Ирдæй мæ фысты куы зынид
Не ’рыгон фæлтæры цард!
* * *
Алчидæр бæрæг вæййы цæмæйдæр,
Алкæмæ йæхи миниуæг и.
Фæлæ цымæ чи зæгьдзæн мæнæй та:
Уымæ дæр цыдæр миниуæг и?!
Хойы зæрдæ ’фсымæрмæ - æхсайаг,
Иузæрдыг, æнувыд - цотыл мад,
136 ~-
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Адджын вæййы уарзонæн йæ къайаг,
Саби та - цымыдисыл нымад.
Нæй сæ иуæн иннæуыл ысбарæн,
Никæцы у уыдонæй уæлдай.
Хорз у царды хи бынат ыссарын,
Бæсты фарнмæ бахæссын дæ хай.
ТЫДЖЫТЫ ЕФИМ
1916 - 1944
* * *
ÆФСÆДДОН
Хъæбатыр, æндонриу, цæхæрцæст æфсæдцон,
Дæ кадæй у кадцжын нæ Райгуырæн зæхх.
Кæм бахъæуы тохы лæджыхъæд æвдисын,
Гъеуырдæм цæттæ дæ, хæстифтонг - дæ бæх.
Æхсæв æмæ бонæй ды хъахъхъæныс арæн,
Болат кард дæ къухты куы калы цæхæр.
Ды тоныс дæ риуæй цъæх-айнæг къæдзæхтæ,
Æзнæгтæн ды судзыс цъæх арты сæ сæр.
Хъæдцагау дæ ныхмæ лæбурынц фыдгултæ,
Уæдцæр ды дæ тохы - æнæсæттон дæ!
0 бузныг, æфсæдцон! Дæ хъæбатыр тохæй
Æнæкæрон буц у нæ уарзон бæстæ.
ТЪЕХТЫ БАРИС
1920 - 1943
* * *
КАВКАЗМÆ
Дыккаг аз æфсæры налат ызнаг размæ,
Нæ райгуырæн зæххыл фæхоста йæ сæр.
Йæ тугвæдтæ уадзгæ æрхæццæ Кавказмæ,
Йæ сау рондзæй сахуырст Кавказы къæсæр.
138~
/ЬРДХ/ЬН/ЬНЫ 1^АД^1 " УÆЛАЛИ^Ы 1ЧАДÆП
0 Райгуырæн бæстæ, æфсымæрон адæм,
Дæ сæрмæ ды ма ’рхæсс цагъары къæлæт!
Нæ тохы тырыса бæрзонддæр ысдарæм,
Знаг тугæн туг фидæд, мæлæтæн - мæлæт!
1942 аз
ХÆМЫЦАТЫ ГЕОРГИ
1920 - 1941
СЫРХ ÆФСАДÆН
0 тохы хъайтартæ, бæгъатыр цæргæстæ,
Уæ кады бæрæгбон нæ бæстыл нæры.
Уæ арцы рæхуыстæй нæ тугцъир ызнæгтæн
Сæ сау туг сæ фæрстæй пырхæнтæй кæлы.
Сырх нæмыг - рæстдзæвин, хæцæнгарз уæ къухы,
Уæ койæ æмризæджы ризы ызнаг.
Уæ саулохаг бæхтæ тымыгъты нæ цудынц,
Фыдтохты, зын рæтты стут фидар, уæндаг.
Уæ кады ныфс хурау цæхæр калы дардыл,
Кæд ракъаха исчи мæгуыргæнæг хæст, -
Ныммæлдзæн æгадæй нæ фæринк, нæ кардыл,
Нæ арцы бырынкъ ын ыскъахдзæн йæ цæст.
БАДТÆН РЫНДЗЫЛ
Бадтæн рындзыл, кастæн коммæ,
Дон хæл-хæлгæнгæ цыди,
Уый хæрдгæбыдау æрттивгæ
Дуртыл, къæдзæхтыл хылди.
Мæргътæн - диссаджы хъæлæстæ,
Æрдзæн - хъайлахуыз йæ уынд.
Ахстой алы зард мæ хъустæ,
Дуджы хуыз мæм хурау худт.
/ЬНДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ХОДТЫ ХАЗБИ
1922- 1941
* * *
ЦÆВÆМ
Кæс-ма, уæларвæн уый йæ цъæх
Ыссыгьди... Йе стъæлфæн кæлы.
Бынæй та - туджы денджыз. Зæхх
Æхсиды... Дзыллæ дзы мæцы.
Уый сыстад сау фашизм, мæнгард,
Нæ зæхмæ рагæй у йæ хъавд.
Йæ зæрдæ калм у, йе ’взаг - марг,
Æмæ йыл бафтыдтам цъæх арт.
Бырсы нæм уый, фæлæ йæ сæр
Нæ цыргь кардæй æрцæудзæн лыг.
Йæ цæфæн исы цæф дывæр,
Уый фестдзæн сау æртхутæг, рыг!
* * *
Уым сæфынæй нæу тас лæгæн,
Йæ уд сæрибарæй кæм рæза,
Кæм уа йæ фезмæлæн фæтæн,
Цы ран ыл царды цин æнхъæвза.
У ахæм раст нæ ран, нæ рæстæг.
Цы ма хъæуы уæд ам лæджы?
Хъæуы ма тох, цæмæй фыдгæнæг
Йæ хинты басудза рæхджы!
ХУЫГАТЫ ГЕОР
1923 -2005
* * *
ЧЫЗГ ÆМÆ ЛÆППУЙЫ ЗАРÆГ
Чызг
Мæ уарзон ыстъалы,
Германы хæстæй мын кæд ссæудзынæ
Æмæ мын хибарæй
Дæ сусæг ныхæстæ кæд фæкæндзынæ?
"140 "
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Мæ зæрдæ æнæ дæу
Бынат куы нæ ары æппындæр йæхицæн,
Иунæг минуты бæрц
Мæ рæзгæ зæрдæйæ нæ комыс фæхицæн.
Æнæхатыр ызнаг,
Мæ уды тæригьæд йæ фæдыл æфтыд уа,
Уарзоны уындæй мæ
Цыппар азы дæргьы æнæ хай фæкодта.
Кæд уыдзæн уыцы бон,
Кæд мæм ссæудзынæ, мæ зæрдæдарæн?
Дæхи аххос уыдис:
Цæмæн мæ æвзæрстай царды æмбалæн?
Сыгьдæг уарзондзинад
Зæрдæйы къултæ æнгом æлвасы,
Хæрзбон уал, мæ уарзон,
Мæ сусæг писмо дæм поезд фæласы.
Лæппу
Мæ зæрдæфæлæууæн,
Судзгæ уарзондзинад мæ риуы нæ мæлы,
Уæззау тохы бон дæр
Æфсæддоны зæрдæ дæ уындмæ куы бæллы.
Мæхи дæр куы фæнды
Дæуимæ ныхæстæ, зæрдæйы уарзон,
Фæлæ тохы арты
Мæ хæстон æмбæлтты æз куыд ныууадзон?
Нанайы рæсугъд чызг,
Нæ сабыр дугæн та йæ рæстæг æрцæудзæн,
Тыхсгæ ма кæ, мæ бон,
Къæвдайы фæстæ та хурбон дæр скæндзæн.
Æнхъæлмæ кæс, чызгай,
Знаджы æфсæдтæн лæгау цæф ныккодтам,
Дысоны изæр дын
Берлины стыр уынджы ирон симд æркодтам.
Ш’
~ 141
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Куы зоныс, мæ дуне,
Уарзондзинадæй хистæр у бæстæ,
Фæуæлахиз ыстæм, -
Сырх Æфсады руаджы - æххæст нæ хæстæ.
ХЪАНЫХЪУАТЫ МАИРÆМ
1921 - 194(?)
КАФÆМ ИУМÆ
Царды стыр фæндаг - нæхи бар,
Доны - кæф, уæларвы - цъиу.
Мах ыстæм хъæбатыр, фидар,
Фидæнмæ хæссæм нæ риу.
Кафæм иумæ... Нæй зæрдæсау,
Зæрдæ - хъæлдзæг, цæсгом - ирд.
Систам къабæзтæ цæргæсау,
Рацарæзтам къæхты сирд.
Кæс, нанайы чызг фæндырæй
Балцы зарджытæ цæгьды.
Рухс нæм ракаст худæнбылæй,
Рухс тынтæй æмдзæгьд кæны.
Кафæм иумæ, сиргæ, сиргæ!
У нæ тых æнæкæрон.
Алы ран цæудзыстæм пиргæ
Сау ызнаджы тохы бон!
1938 аз
ДИДИНÆГ
Дыргьдоны дидинæг
Сдардта йæ рæсугьд сæр,
Систа йæ фондз сыфы, -
Калынц тæмæн.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Базмæлы, бахуды
Уалдзæджы хъæбысы, -
Афтæ рæвдауы ма
Рухс бæстæ мæн.
Дидинæг, дидинæг,
Рæз ды нæ дыргьдоны,
Рæз ды нæ сабитæн,
Худ сæм фæрнæй.
Уадз æмæ ног фæлтæр
Ныр æмæ сомбоны
Царды стыр фæндагыл
Буц уой дæуæй!
1939 аз
сидтоны цин
Фæндыр... Цинтæ... Симд... Зæхх ризы...
Зарæг уæлдæфы тæхы.
Сидтон - хъæлдзæг. Нуазæн сисы
Æмæ худгæйæ зæгъы:
«Цæй, хæрзбон, мæ хорз хъæубæстæ,
Æз цытджын балцы цæуын
'Мæ уæ зонд, уæ буц ныхæстæ
Мемæ стыр ныфсæн хæссын!
Схуд, нана, ды дæр мæ фæдыл,
Сырх Æфсад дæр у мæ мад».
«Уай, мæ хъæбул, уай дæ бæхыл,
Хъахъхъæн-иу нæ бæсты кад!»
'Рттивынц мады рухс цæстытæ:
«Чи дын у зынаргъдæр, зæгъ?»
«Уарзондæр мæнæн ды куы дæ,
Уарзондæр мæнæн - нæ зæхх».
«Цу, мæ хъæбул... Кæд нæ бæстæм
Знаг лæбура, ’взара тых,
"143 "
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Рæвдз-иу февнал уæд дæ гæрзтæм,
Рæвдз-иу цæв ызнаджы ных...»
«Мад, дæ дзырд нæ уыдзæн рохы.
Сис-ма, цæй, дæ сæр уæлдæр!
Знаджы басудздзæни тохы
Не ’ндон хотыхты цæхæр!»
1939 аз
ХЪАЗБЕГТИ ХЪАЗБЕГ
1912- 1966
* * *
ОХ, ÆНА!
Ох, Æна, е,
Дæ хъæболæ
Идард бæсти
Зæрдтагонæй
Дæу фæууиндмæ
Æд цийнадæ
Зæрдирайæн
Ку гьазуй!
1943 анзи 15 июнъ,
Хонсар фронт, Дьяковойы гъæуæ
КУ ’РБАДАРДТА ХОР Æ ТУНТÆ!
I
Цæхъал цæхъалæбæл гулец
Кæнуй æ усми Ингулец,
Æ касти - зуст æма тузмæг,
Тайуй æ билтæбæл зумæг...
Ами къурей размæ æзнаг,
Уогæй уæнгæл ма æдзæллаг,
Дардта нигулæнмæ æ над.
Цолахъмæ æмпурста зудæй
Æма æ цъæхахст гьæр цудæй:
- Рæхги!
" "144"~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
- Цурдцæр!..
- Мардзæ, ледзæн!
- Ледзæн!.. Мæйдари ледзгæй,
Немуц фæстæмæ ниббиндз æй,
Турнуй, æй ин унгæг и хед,
Бæлæгъ боцикъатæ, фæйнæг -
Иссæнцæ хойтæн ервæзæг!
II
Сæумæ ку ’рбадардта и хор
И тармæ рохс тунæ фæндон,
Гъеуæд и зуртæбæл зиндтæй
Ихæлд хеди æрмæг хъелтæй.
Зиндтæй æфсæддонтæй еу къуар ,
Уогæй мæстгун ма бæгъæнсар.
Мæрдти уæлгъос лæугæй фур тар:
«Рохсаг, нæ мадæлтæ, уе ’хсар
Нæ уодти мардзинан æдзох.
Рохсаг. Нæ уодзæнæй иронх
Уæ содзгæ суг, уе ’фхуæрд, уæ тог!..»
Гъосгунходтæй хормæ æд уарзт
Ниццæхгæр кодтонцæ æваст
Фæндзтегъон стъалутæ нифсхаст!..
* * *
Цæхъал цæхъалæбæл гулец
Кæнуй æ усми Ингулец,
Æ касти - зуст æма тузмæг,
Æ билтæбæл тайуй зумæг,
Æма нигулæнмæ æвуд
Нæуæгарæзт бæлæгъти цурд
Хæссуй Сурх Æфсади мингай -
Хæссуй дзиллæтæн зæрдирай!
1944 анзи 18 мартъи,
Ингулеци билæ
* * *
Зæрдæ, æнцад!
Зæрдæ, æнцад!
Ма фæллайæ,
Бонгай зин цард
Ма нимайæ!
~145~~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Зæрдæ, æнцад!
Бафæразæ:
Нæ ни ’и идард
Кади радæ!
1943 анз,
Хонсар фронт
ФИНСТÆГ ЛИДÆМÆ
Æй æхсæвæ æ гъиккаги,
Тари думгæ агъуйуй.
Пеци рæбун и фæлхуари
Мæ хорз хæлар уолæфуй.
Цилпæ къæси æнафони
Рохс цъита - цирагъ æй,
'Ма æд цитæ æ уæлгъоси
Бадун хъуæци, фæлладæй.
Бадун æма цæститæбæл
Гъазуй мæ гъæу, мæ евгъуд -
Æристадæй мæ зæрдæбæл
Цогæ-цардæн æ равдуд:
Мæ зинг зæрдæ, цийни догæ,
Институти мæ ахур...
Æвеппайди, æнæ зонгæй,
Нæ фембæлдæ æнахур...
Берæ, мæ хор, уоци догæн
Ка сфинсдзæнæй æ рæсугъд,
Ка ’рцъетдзæнæй уоци бонтæн
Сæ уарзт æма сæ рæвдуд?
Æй æхсæвæ гъизт, æ сонти, -
Æй саугурмæ, фудуазал,
Ма дин, мæ хор, æнафони
Æрветун æз мæ салан.
1943 анзу
Хонсар фронт
"146~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
* * *
Æй æхсæвæ, æй мæйдар,
Æнæ унæр, æнæ тох,
Æма бабæй фунтæй хъал
Æз исонмæ - æнæсцох.
Фæззелдзæнæн, цæргæсау,
Мæ бæстæн æз æ фалдзос,
Ма мин е дæр, мæ мадау,
Бауфсдзæнæй зæрдæрохс!
1943 анз, Хонсар фронт
НЕКÆД ИРОНХ КÆНУН ДÆУ
Уæ, мæ еубæстон, ме ’мбал.
Кæд æй мæ акъопп уазал.
Уæддæр æноси,
Тари, мæйрохси
Некæд иронх кæнун дæу.
Кæд еуæй-еу хатт уарун
Зæрди байтауй лæкъун,
Уæддæр æноси,
Тари, мæйрохси
Некæд ирону кæнун дæу.
Кæд исаразуй и фат
Ме усхъи сæрти æ над,
Уæддæр æноси,
Тари, мæйрохси
Некæд иронх кæнун дæу.
Кæд арбагъизуй гъиггаг,
Ма æрбагъузуй æзнаг.
Уæддæр æноси,
Тари, мæйрохси
Некæд иронх кæнун дæу.
Кæд лæгæй-лæгмæ мæ къох
Знагмæ исесуй гебогъ,
147 "
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Уæдцæр æноси,
Тари, мæйрохси
Некæд иронх кæнун дæу.
1944 анзи 9 октябръ,
Полыиæ
ЗАРÆ, МÆЛГЪÆ!
Зарæ, мæлгьæ, зарæ
Цъæх сифтæри идзулд:
Æрхаста дин барæ
Аци уалдзæг ивулд.
Зарæ, мæлгьæ: фунау
Нæбал цæрæн æд тухст.
Зарæ, ести, фарау
Ку нæ ’й æрдзæ рæхуст.
Зарæ, мæлгъæ! Зæрдæн
Дæ нæртон зар - адгин,
Æримистай мæнæн
Мæ гъæубæстæ, мæ синх...
Зарæ, мæлгъæ, зарæ!
Цъæх уалдзæг дин - дзæнæт...
Æз сатæги фагæ
Бæллун, кæнун сæ мæт.
1945 анзи 15 май,
Берлин
ХЪАЙТЫХЪТЫ ГЕОР
1911 -2002
* * *
КУЫ ФÆУА ХÆСТ
Фæстаг фашист йæ ингæнмæ куы хауа,
Куы банцайа фæстаг хæстон гæрах,
Нæ хурзæрин фæлмæн тынтæ куы тауа,
Ныййарæгмæ æрыздæхдзыстæм мах.
" 148
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆ1 - УÆЛАХИЗЫ КАД/ЬН
Йæ домбайтæ, йæ диссаджы хæстонтæ,
Йæ зынаргъ тугæй чи хъахъхъæдта зæхх,
Нæ рыг цæсгæмттæ, хидæйдзаг фæсонтæ
Ныхсдзыстæм уæд хъæрмуст донæй дзæбæх.
Фæзындзæнис нæм уыцы хъæлдзæг афон,
Æмæ ма иу ран чи баддзæн æнцад!
Тæхдзæни маргьау уарзонмæ йæ уарзон,
Йæ фыртмæ - фыд, йæ буц хъæбулмæ - мад!
Уыдзæн кæуын дæр, - амонд нæу æмхуызон,
Цы чындæуа? - сыгъди цæхæрау хæст!..
Æрцыди зйантæ, баныгæдтам уыдон,
Нæ рухс Уæлахиз нал федта сæ цæст!
Салдат хуындис йæ ном æмæ йæ мыггаг
Нанайы хурæн, адæмы фыртæн, -
Цæрдзæн, нæрдзæн сæдæ азты йæ хъуыддаг
Æмæ бæздзæн хъæбатырæн цыртæн!..
Баба дæр уæд йæ къæлæтсæр лæдзæг
Йæ къухмæ райсдзæн, рахиздзæн нæ кæртæй,
Зындзысты йæм нæ урс хæхтæ сыгьдæг,
Нæ бæлæстæ йын кувдзысты сæ сæртæй.
Ды дæр цæудзынæ фæндагмæ дæ хызы,
Ды дæр кæндзынæ де ’гьдæуттæ æххæст,
Æртæхдзæн уари æмæ хъарм хъæбысы
Уый тухдзынæ ды иухаттау фæсхæст!
Куывдтæ, хъæзтытæ, стыр арфæтæ, цинтæ...
Хæсдзæн йæ фыртæн дзаг нуазæнтæ мад.
Цы ран фæмард и тохгæнгæйæ минтæ,
Уым хорз уыдзæн милуантæн та сæ цард!
Фæрс-иу хæстоны, уый дæ н’ афæливдзæн, -
Йæ сыгъдæг цард дæуæн кодта нывонд,
Йæ сæрыхъуынтæй урсытæ æрттивдзæн,
Фæлæ йæ ма схон уый тыххæй зæронд.
1944 аз
149"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ХÆЦÆНÆЙ
Зыны мæм арф акъопп лæхъирæй,
Нæу уым тæхудиаг мæ цард.
Хабæрттæ нал хъусын нæ Ирæй, -
Мæ зæрдæ уый тыххæй нынкъард.
Цы кодтай уый, цымæ? Нæ зонын!
Мæ фæстæ баззади Кавказ.
Æви кæд нал кæсыс хæстонæн
Æнцад йæ писмойы гæбаз?
Ныр хæхтæ тар хуызæй фæкæсынц, -
Кæмæ уой афтæ тынг хæрам?
Цы кодта уый, зæгъгæ, фæфæрсынц
Ныртæккæ ме ’мбæлттæ мæн ам.
Сынтытæ абон дæр Туапсемæ
Мæ сæрты бирæгай тæхынц,
Хуынтæ нæ хæссынц махæн семæ! -
Тæхуды, маргæй сæ фæхынц!
Кæд ныр дæ дзыккутæй фæласынц
Цъæх сырдтæ ауындзынмæ дæу!
Кæд мын мæ зæронд фыдæй хъазынц,
Уæд уый, мæлæтау, æнцон нæу!
Мæ зæхх мæм тар цæсгом æвдисы,
Зыны мæм сау хохæй дæр нос!
Æмбæлттæ, о, мæ зæрдæ риссы, -
Æзнæгты фесафын - йæ хос!
Куы уон Ирыстоны, уæд та мæ
Ды, урс хох, сбуц кæндзынæ фаг!
Ныр уал дæ хорз хабæрттæн хъуамæ
Джебогъæй айгæрдон фæндаг!
8-8-1942 аз,
Ципкæ
"150""
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ХЪАЙТЫХЪТЫ АЗÆМÆТ
1923-2015
* * *
ХУЫЦАУ, РÆСТВÆНДАГЫЛ МÆ БАФТАУ
Хуыцау, рæствæндагыл мæ бафтау,
Уæд де ’вджид райгуырæн Цæдис.
Тæхын æз тохы фæзмæ фатау, -
Лæгдзинад равдисæн кæм ис.
Æркæн хæстон тахъа мæ сæрыл
Ыскæ мыл Церечы хæдон.
Фыдгæнæг Гитлеры цæхæрыл
Æз хъуамæ ауадзон цъыфдон.
Фæкодта фидиссаг йæ бæстæ,
Ныддымдта немыцы фæллой.
Уæлæуыл мауал уæд йæ хъæстæ,
Мæрдты дæр фесæфæд йæ кой.
Хуыцау, рæствæндагыл мæ бафтау!
Куыд райсон авд хатты мæ хæс.
Уæйыджы тых мæ цонджы - авдау,
Мæ фæндиаг - Берлины къæс!
1943 азы Джеоргуыбайы мæй,
Невелы горæты цур
У АХÆМ МÆ ХÆС
Куыд ма уон дæ цæсты
Бæгуы лæгау - сих?
Цъæх фæткъуыйау хæсты
Ныххоста мæн «их».
Мæ иу цонг резинæ,
Хъæдкъуыдыр - мæ къах,
Мæ уадулыл минæ
Ныууагъта йæ хахх,
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Мæ риуы ныр дæр ма
Ис бомбæйы схъис,
Мæ иу хъус ныкъкъуырма,
У иннæ æмбис...
Хъуынджын у мæ нымæт, -
Уæлахиздзау - æз!
У ахæм мæ хъысмæт,
У ахæм мæ хæс.
1944 аз,
Муромы горæт,
госпиталь 1247
ХЪАРАТЫ ИБРАГИМ
1924- 194?
* * *
* * *
Зæрдæ байдзаг уарзтæй...
0 тæхуды!
Зæрдæ байдзаг мастæй
Æмæ дуды!
Æз дæ худт, дæ хъазтæй
Тынг фæрайын.
Æз дæ тызмæг кастæй
Судзын, тайын...
1938 аз
* * *
Ысуыдзынæн саумæр...
Парахатæй зайдзæн
Мæ ингæны сæрмæ
Фыдцъылыз мæнтæг.
Мæ ныв-иу мын бавæр...
Æнус дæ нæ сайдзæн, -
Суанг сомы къæсæрмæ
Уыдзæн дын фæтæг.
1938 аз
ы
153
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ЦÆГÆРАТЫ МАКСИМ
1916- 1990
* * *
НЫННÆР ÆРВНÆРÆГАУ
Ныннæр æрвнæрæгау, ныннæр, мæ тохы зарæг!
Æндон мыртæ фылдæр, мæ хур, фылдæр!
Фæстаг хæстмæ бырсы нæ зæхх - нæ дарæг,
Æрлæуу, æрлæуу хæстонты ’мрæнхъ ды дæр!
Ныннæр æрвнæрæгау!
Мæ адцжындæр бæллицтæй
Дæ базыртæ - æнæсæтгæ, æндон.
Лæджы удхор, фыдсау зæрдæ фашисттæн
Сæ ныхмæ ды фæллойгæнджыты хон!
Ныннæр æрвнæрæгау, сæрибаруарзаг уари!
Тыхджындæр, карздæр тохы зарæг уæд!
Нæ цард - дзæнæт,
Фæлæ ныл тугдзых хъавы
Æвæрынмæ цагъайраджы къæлæт.
Нæй! Нæй! Сæрибарæн цагъайрады рæхысты
Æлхъывдæй, бастæй никуы ис цæрæн.
Ысфыцы маст...
Хæдбаруарзаг йæ рыстæй
Фæцух вæййы.
Цагъаргæнæг - дæрæн!
Ныннæр æрвнæрæгау!
Фæстаг туджы æртæхæй
Цытимæ фидæм ацы бон нæ хæс:
Ды хъуамæ уай тыхджындæр арвы цæлхъæй,
Æрвнæрдау уа дæ сидæджы хъæлæс!
Ныннæр æрвнæрæгау!
Нæ мады ’хсыр - нæ зæрдæ,
Нæ тугдадзинты - ивгъуыд бонты ныфс.
Æнæфенгæ нæ цæстыты цæхæртæ,
Æнæрцæугæ - хæсты сахат нæ бырст!
154
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ныннæр æрвнæрæгау!
Сæууон удцзæфау хъазгæ
Æрзил нæ бæстыл,
Байрох кæн фæллад.
Нæ дзыллæтæн æрбамбырд кæн сæ уарзтад,
Сырх уæйгуытæн æй тохы фæзы ратт!
Цæмæй сæ ныфсыл
Авд ныфсытæ бафта ноджы,
Цæмæй сæ гæрзтæ алмаситæ уой,
Æмæ бынтон фашистон куыйты ’рдонджы
Ныцъцъист кæной,
Куыннæуал уа сæ кой !
Ныннæр æрвнæрæгау!
Æвдис мæ зæрды ахаст
Хæсты заман, мæ хæдцæугæ мæсыг:
Раст бомбæйау фæхæсс
Фыдызнагмæ нæ карз маст,
Цæмæй йæ басудза,
Бынтон ныууа фæнык!
Ныннæр, уæдæ, ныннæр!
Фæстаг туджы æртæхæй
Цытимæ фидæм ацы бон нæ хæс:
Ды хъуамæ уай тыхджындæр арвы цæлхъæй:
Æрвнæрдау уа дæ сидæджы хъæлæс!
1941 азы июнь
ХЪАЗУАТЫ РАЗМÆ
Уад, налат уад, тыгьд быдырты ниуы.
Тархъæд ахсæв - ризæгæй рынчын.
Хъæу - ингæнау, сæр æруагъта риуыл, -
Арф кæцæйдæр сыхъуысы хъæрзын...
Уад, сæртæг уад, тыгьд быдырты зилы...
Уынгты ахсæв цъиуызмæлæг нæй.
Бæрз йæ сæр, йæ цæнкуыл хихтæ тилы,
Уад нынниуы... Сау фынау мæнæй
"155
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Сыгъд чысыл хъæу абон дæр нæ ферох:
Даргь нæзытæ, уалдзыгон фæлгонц...
Уастæн не знаг азимаг æрбауа,
Уастæн не знаг акала йæ рондз! -
Кæд фæлладæй хъæубæсты фæндагыл
Фосы дзугау атардта... Кæдæм?
...Ныр кæсын мæ чысыл хъæумæ ’нкъардæй, -
Зæрдæ риссы... Сагъæстыл фæдæн...
...Мæй йæхи тæлфгæ уылæнты надта...
Даргъ рæхснæг бæрз донырдæм æркъул.
Ам мæнæн йæ разыйы дзуапп радта
Ме стыр амонд - фидæн бонты хур.
Ныр кæм и, цы бонты фарн æм дзуры?
Бæрзы бын куыннæ фæзынди, куы?
Зæрдæ риссы...
Цæстысыг æртулы...
Уæнгтæ ризынц...
Ме ’взонг риу - æрхуым...
Фæлæ райсом... Райсом бæстæ судздзæн,
Тохы хъæрæй райхъал уыдзæн фæз.
Ме стыр маст нæ номдзыд танктæм сиддзæн
Æмæ - размæ! - маст исынмæ æз!
1943 азы февралъ,
Ныгуылæн фронт
МИГЪЫ ЦЪУПП
Нæ цæф танчы сæрмæ цъæх мигъы цъупп февзæрд.
Къæбæлдзыг тохъылау ныттымбыл, - фæдисон...
Йæхимидæг ризы... Нæма ссыди йе ’фхæрд:
Бындзыггай дзы дымгæ фæхъазыди дысон...
Ныр танкыл æрфынæй. Сæууон хуры тынтæм
Сывæллоны рустау сырх тæппытæ фестад, -
Æвæццæгæн, атахт кæдæмдæр йæ фыны,
Ныууагъта йæ дымгæ, -
фæдыл тахтæй бастад.
"156
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
0 бауадз æй, дымгæ, фæллад уадзын махау,
Фæлладæн дæр иу хатт æрфынæй фæфæтчы.
0 мигъы фæлмæн цъупп, уæззау ихæй ма рхау,
Мигъ арфдæр æрныгьуылд...
Ызмæлд ма йæ фæджджи.
1944 аз, Польшæ, Мендзижеиц
ÆЦÆГÆЛОН БÆСТЫ
Æцæгæлон бæсты æнахуыр æхсæвтæ,
Куырм уæйгуыты хуызæн - уæ каст.
Цæмæн мæ æмбæхсут, мæрдонфынæй рæгътæ,
Чызгайæн йæ цæстыты ’нгас?
Салдаты фæндагыл хъарувдисæн тохты
Мæ фарсмæ куы бырста æдзух.
Мæлæты къæсæрыл цæфтæмзилæг дохтыр, -
Мæ ностыл - ныр дæр ма йæ къух...
Æнæхатыр мæлæт, кæцæй фæдæ уастæн? -
Цæуылнæ фæкæныс хъуыды?
Чысыл ма куы баззад нæ рухс хуры скастмæ,
Уæд мын æй цæмæн айстай ды?
Æцæгæлон бæсты æнахуыр æхсæвтæ,
Куырм уæйгуыты хуызæн - уæ каст.
Цæмæн мæ æмбæхсут, мæрдонфынæй рæгътæ,
Чызгайæн йæ цæстыты ’нгас?
1944 аз, Венгри
ЦÆУЫ МА ХÆСТ
Мыртазты Барисæн
Цæуы ма хæст.
Цæхæр арт судзы бæстыл.
Нæ сæрмæ бады даргъ фæндæгты рыг.
Мæлæт сырдау æрбахъуызы нæ фæрсты,
Нæ фæдыл зилы маргæйдзаг нæмыг.
""157
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Цæуы ма хæст.
Бындзарæй ризынц хæхтæ,
Æнкъуысы зæхх... Тыхджындæр ниуы уад.
Нырма бырсы фæстаджы стыр гæрæхты
Йæ риуы ’мбæрц уæрæсейаг салдат.
Цæуы ма хæст...
Нæ сау аласа бæхтæн
Кæлы сæ фæздæг. Разæй лидзы сырд.
Джызæлæй раст Германы ’лгъыстаг зæхмæ
Тымыгъты дæр æнæцæугæ нæ уыд.
Нæ уыд æнæцæугæ...
Нæ маст фæйлыдта,
Нæ риу нын хордта адæмæн сæ зын.
Фыдгулты бын нæ ныййарæг кæй куыдта,
Уый нал фæрæзтой зæрдæтæ хæссын.
Нæ уыд æнæцæугæ...
Нæ хоты хъарæг
Цыди нæ хъустыл. Ноджы цæстыл уад:
Сывæллæттæн уыд уацары сæ дарæг, -
Кæйдæр фæсдуар æвæгæсæгæй мард...
Нæ уыд æнæ цæугæ!
Нæ райсомбоны
Цæмæй уыдаиккам сæрибары æвджид...
Æмæ бырсæм нæ дзыллæйы хæстонтæ, -
Æрмæстдæр размæ! - азæлы нæ сидт...
1944 аз, Венгри
ЧЫЗДЖЫ САГЪÆС
Мæ цæсты рухс, ме ’хсар,
Цы фæдæ, кæм дæ?
Кæдæм мын фæхастай
Мæ тæппал зæрдæ?
Хур райсомæй хæхтыл
Куы ссудзы æваст,
158 "
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Уæд уымæн фæдзурын
Мæ катай, мæ хъаст.
Сæудары рæууæлдæф
Куы схъызы фæлмæн,
Уæд ницы фæзæгьы
Мæ номæй дæуæн?
Æз уымæн фæдзæхсын
Мæ сагьæс, мæ хъыг.
Сæлфынæгæй уары
Мæ цæстыты сыг.
Ныр уалдзæг у. Быдыр -
Цъæх-цъæхид фæлыст, -
Мæнæн та мæ зæрдæ -
Уынгæг æмæ рыст...
Фæндзæм аз куырдуаты...
Æгьгъæд у... Фæзын!
Дæ царды сæраппонд
Мæ къæхтыл цæуын...
1945 азы май
ЦÆГÆРАТЫ ГИГО
1923- 1996
• * *
ÆРМÆСТДÆР РАЗМÆ!
Ыстæм фæллад, уæдцæр æрфынæй
Нæ зоны цалдæр боны цæст.
Сахаты фæстæ та тыхджынæй
Ныннæрдзæни æвирхъау хæст.
Кæд у къæвда, кæд дымгæ ниуы,
Фырфæлладæй æруæззау къах,
Уæддæр ис тых, ыстыр ныфс риуы, -
Фыдгулты басæтдзыстæм мах...
Ныннæрыд хæст, æвирхъау карз хæст,
Фæстæмæ мауал фæкæс, мауал...
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Æрмæстдæр размæ! Знагмæ дар цæст,
Фыдгулы баййаф ’мæ йæ амар!
1942 аз,
Сталанграды фронт
АЙС МÆ САЛАМ, ИРЫСТОН!
Дæ урссæр къæдзæхтæ, дæ хъæздыг быдыр,
Дæ хъал дæтты зарын, цъæх нæуу...
0 уарзын дæ, уарзын, республикæ Ир,
Мæ зынаргъ ныййарæгау дæу.
Дæ рæсугъд къæдзæхты цур знæгты фæндыд
Сæхицæн ыскæнын цæрæн,
Фæлæ сыл æрцыди, æрцыди рæдыд:
Ыссардтой цæрынæн ингæн.
О дымгæ, Ирыстоны зæхмæ фæхæсс
Мæ номæй зæрдæбын салам:
Цæгъддзынæн тыхджындæрæй не знæгты æз
Дæу тыххæй, дæ сæраппонд ам.
1942 азы ноябрь,
Сталинграды фронт
САЛЮТ
Дардыл айхъуысти æрвнæрдау
Залп - ыссæдз хатты ыссæдз!
Талынг æхсæв фестад бонау,
Хъæлдзæг базмæлыди æрдз.
Знаджы ныхмæ та ныббырста
Ног нæ намысджын æфсад.
Горæт та лæгдыхæй байста, -
Кад ын кæны бæстæ, кад!
Размæ, не ’фсæдтæ! Ызнагæн
Тынг йæ фидæрттæ сæттут!
Ратдзæн уын Сырх Мæскуы кадæн
Не ’ппæты номæй салют.
1942 азы ноябрь,
Сталинграды фроит
160 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ФЕДТОН ÆЗ МÆХИ ЦÆСТЫТÆЙ
Федтон æз мæхи цæстытæй
Топпы дзыхæй зынг куыд калди.
Хæдтæхæг лыстæг сæстытæй
Зæхмæ судзгæйæ куыд хуади.
Нæмгуыты зæй пиллон калгæ
Хъæутыл, горæттыл куыд зылди.
Дæтты сæрты, хидтæ халгæ,
Знаг æгьатырæй куыд цыди.
Федтон æз мæхи цæстытæй,
Лæг йæ уд куыд иста нæууыл.
Знаджы сармадзан тæстытæй
Доны былгæрон куыд лæууыд.
Тугæй сырх куыд дардтой дæттæ,
Хъæд куыд тахт хæрдмæ ысхъистæй.
Уацары нæхи салдæттæ
Знаджы салдæтты куыд истой.
Федтон æз мæхи цæстытæй,
Танк нæ нæмгуытæй куыд сыгъди.
Не ’хсаргарды сонт дзæхстытæй
Знаг фырадæргæй куыд лыгъди.
Федтон æз мæхи цæстытæй
Танчы бынмæ лæг куыд бырыд...
Федтон æз... Уыдтон мæхæдæг
Не стыр Уæлахиз куыд гуырыд.
1942 аз,
Всшипскаяйы хьæу
ХÆСТОН ДОХТЫР
Хæсты рæстæг алчи дæр
Махæй уыд салдат.
Алкæйы сæрмæ дæр нæ
Тохы фæздæг бадт.
^Щ
161
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Уым уæлдай къæрцхъусдæр уыд
Дохтырæн йæ каст, -
Цæф хæстоны цуры-иу
Февзæрди æваст.
Уый йæ къухты адæмæн
Хаста алкæд цард.
Уыд æдзух йæ хæдфарсмæ
Гиппократы ард.
Алы хæстоныл дæр уыд
Дохтырæн йæ мæт...
Урс халатджын салдæттæй
Тынгдæр тарст мæлæт.
1942 аз,
Сталипграды фропт
МÆ РАЙГУЫРÆН
Мæ райгуырæн дæу уарзын бирæ,
Дæ цæхх, дæ кæрдзынæй дæн хаст.
Дæумæ куы кодта знаг æртхъирæн,
Куы дæм æрбахаста фыдмаст,
Куы бавнæлдта йæ хæцæнгарзмæ
Æмæ куы нызгьæлдта дæуыл,
Æрлæууыдтæн уæд æз йæ размæ, -
Дæ бæсты цæф ысуад мæныл...
1942 азы декабръ,
хæстон госпиталъ
ЦÆРУКЪАТЫ АЛЫКСАНДР
1918-2000
ÆРФЫНÆЙ У
Салдаты фыстæг
Хæст фенцад... Æрбайрох æд тугтæ, æд зынтæ.
Йæ сагьæсты зæрдæ, дзæгъæлау, фæцыд...
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Мæ цæстыты тары мæм ногæй фæзындтæ:
Æркъул кодтай уаты, дæ цæсгом - хуыздзыд...
Бæрæг у, дæ русыл дæ цæстысыг бахус -
Мæтгæнгæйæ, чи зоны, абон куыдтай.
Йе хæхтæм мæ номæй мæнг хабæрттæ байхъуыст,
Æмæ кæд дæ даргъбыд дзыккутæ тыдтай...
Налат дымгæ сыстад, æрбалвасы фæрстæ,
Мæ тæрныхыл суайы йæ их-къухы дзæхст.
Мах райсом атакæй бырсдзыстæм æд гæрзтæ,
Æгъатырæй дарддæр мæн фехсдзæни хæст...
Æрфынæй у - ссарай æнцойфынты амонд,
Æнхъæлмæ кæсынæй хи ма ’фхæр æгæр...
Мæ удæн цы ’рцыди нæ карз дугæй хайгонд, -
Куыд хъуамæ æруадзон йæ разы мæ сæр?!
Æрфынæй у... Искæд дæ ныллæг къæсæрыл
Æрлæууон бæлццонау, - ис уымæн уæвæн!
Цæрынхъуагæй м’ адзал куы ’ртыхса мæ сæрыл, -
Мæ фæстаг ысулæфт дæу тыххæй уыдзæн!
1944 аз
ЦОМАРТАТЫ БАТЫР
1913 - 1945
* * *
БАЙРАЙ, ИРЫСТОН
Ирыстон, Ирыстон!
Цæй, байрай та ног.
Дæ уындæй, дæ кондæй
Мæ уæнгтæ сты рог.
Дæ астæу фæцардтæн
Æххормаг, тыхстæй.
Æххуырстæй фæхаттæн,
Цæй зын уыд, цæй зын!
163
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Фæлæ ма æрбакæс,
Цы хуызæн ысдæн:
Æфсæддон - мæ дарæс,
Бæззын дын фыртæн.
Ды абон æндæр дæ,
Ысног дæ бынтон.
Дæ уындæй мæ зæрдæ
У цины тыхтон.
ЦОЦИТЫ ГЕРСАН
1921 - 1943
* * *
ГЪЕЙ-ДЖИДИ
Гъей-джиди! Тохы хъæр арвыл куы сирвæзт,
Ногæй ыссыгьдысты уæлдæф уæд, зæхх...
’Хсарæй куы кæнæм нæ рæстагон карз хæст,
Быдыртыл фæздæг ныббадти сæнтцъæх.
Размæ, Ныгуылæнмæ, абырсынц танктæ,
Базырджын уаритæ арвыл тæхынц.
Фистæг æфсæдтæ куы кæнынц атакæ,
Фрицтæ ’мæ ганстæ фæстæмæ цæуынц.
Хуры тынтæ ма ныдзæвдысты хæхтыл,
Халæттæ зилахар кодтой бæрзонд,
Суыдтой ызнæгты, сæ холыты зæххыл,
Знæгтæн фæкалди сæ сау туг, сæ рондз.
Гъей-джиди! Тохы арт арвыл куы сирвæзт,
Артау ыссыгьдысты уæлдæф уæд, зæхх...
'Хсарæй куы кæнæм нæ рæстагон сау хæст.
Быдыртыл фæздæг ныббадти сæнтцъæх.
1942 аз, Кубань
ФЫРТ ЙÆ МАДÆН
Ма ’хсайæд мæнмæ дæ зæрдæ,
Ма кæ ды, мæ бон, мæ мæт, -
Райстам не знагмæ нæ гæрзтæ,
Ссардзæн мах къухæй мæлæт.
%
164
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Кæд фашистты ныхмæ тохы
Æз нæ лæгæрдон уæндон,
Уадз, уæд баззайон æз рохы,
Уæд зæгъон уын æй æргом:
Зæрдæ бамыр уæд мæ риуы,
’Взонгæй бахуыссæд мæ цард!
Байхъуысæд дæм, Æна, иу бон
Уæд дæ хъæбулæн йæ мард!
ЦЫРЫХАТЫ МИХАЛ
1919- 1998
* * *
• • *
Ф-мæ
Цæуы ныртæккæ хæст - цытджын,
Цъæх арты уарзон зæхх æхсиды
Æмæ йæ хъæбултæм тыхджын
Нæ бæстæ тохы гуылфмæ сиды.
Быхс уал... Дæ уарзондзинады
Рæсугъдæй сæмбæлынмæ бахиз,
Фæлæ уал тохы заман ды
Дæ хъару стыр фæллойы равдис.
Кæс-ма, Ныгуылæнмæ цæуæм,
Ныгуылæнмæ - ис маст нæ уæнгты,
Уæндонæй фалгæрон кæнæм
Лæгхорты тугæйдзаг æрдонгты.
Гъе уырдæм у мæ фæндаг конд
Мæнæн дæр, о, мæ рухс ыстъалы,
Æмæ сырх тырыса бæрзонд
Мæ къухтæй ирд тæмæнтæ калы.
1942 аз, Батум
ч
166
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ÆФЦÆГЫЛ
Æхсæвиуат кодтой æфцæгыл хæстонтæ,
Фæлмæн сæм худти урссыкъаджын мæй.
Хыгътой сæ иутæ сæ цытджын тохы бонтæ,
Сæ иутæ кодтой кæрдæгыл фынæй, -
Æндæртæ рындзæй кастысты дæлæмæ, -
Кæм бадти мигь, кæм гуыв-гуыв кодта ком.
Лæсыди хохыл мигъы цъупп уæлæмæ,
Бынæй та зарыд минхъæлæсæй дон.
Фæстæдæр æхсæв сау къуымбил æлвыста,
Æрæнцад æрдз. Ныгъуылди æфцæг тары.
Рæдауæй цъити рог уæлдæф æрвыста
Æнусон комыл уазджытæн мæйдары...
Æмæ сæ фæллад тар æхсæв куы суагътой,
Куы ссыгъта хур йæ цардцæттæг цырæгьтæ.
Хæрзбон хæстонтæ æфцæгæн уæд загътой, -
Цыдысты тохмæ... Худтысты сæм рæгьтæ...
1943 аз, Батум
АФОНМÆ
Афонмæ залты мит хæхты ныууарыд,
Афонмæ карз тымыгь ниуы, кæуы...
Уалдзæджы булæмаргь хъæлдзæг кæм зарыд,
Уырдыгæй быдыртæм уазал цæуы.
Афонмæ цъитиджын хæхтыл цæхгæрмæ
Урс мигьы рогдымгæ ’нкъардæй хæссы, -
Хохаг хъæу баргьæвсти айнæджы сæрмæ, -
Сау комы нарæгмæ джихæй кæсы...
Афонмæ уарзон чызг сынтæджы бады:
Мысы æнæсцухæй, мысы кæйдæр...
Гъе, кæннод, зæрдæйы уарзонад фады,
Уымæн йæ сæрвæлтау тохы кæмдæр.
167
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Чидæр фыдгулæн йæ хурхмæ лæбуры
Топпимæ, кардæй йын фады йæ ных...
Райсом уый дзаг цæстæй фендзæни хуры, -
Макуы мын басæтта, макуы йæ тых!
1943 аз, Батум
ÆЗ ÆРЦÆУДЗЫНÆН
Уарзопмæ
Зæхх куы ’нкъуыса, зæхх, нæ зардæй,
Куы бада стыр куывды нæ хъæу,
Уæд æрцæудзынæн æз дардæй
Æмæ сбуц кæндзынæн дæу...
Мемæ ма дзурæд дæ зæрдæ,
Никуы ’рбалæудзæн мæ бæх
Хохы иунæгæй нæ кæрты, -
Къæхтæй не ’рхойдзæни зæхх,
Зон, мæ хуры хай, дæ барæг
У сæрæгас, тохы ис,
Зон, нæ аскъуыйдзæн йæ зарæг,
’Рцæудзæн, - цухъайаг æлвис.
Кæд æрхæсса исчи дардæй
Кæд мæ тугæйдзаг хæдон,
Ма-иу ракæс, ма, æнкъардæй,
Ма-иу фæтæрс, о, мæ бон, -
Зон, йæ хицау тохы гуылфы
Ис, - фыдгулимæ хæцы,
Ма-иу фенхъæл, туджы гуылфы
Искуы иунæгæй мæцы...
Мемæ ма дзурæд дæ зæрдæ,
Никуы ’рбалæудзæн мæ бæх
Хохы иунæгæй нæ кæрты, -
Къæхтæй не ’рхойдзæни зæхх,
168 _
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Нæй, мæ хуры хай, дæ барæг
У сæрæгас, - тохы ис,
Нæй, нæ аскъуыйдзæн йæ зарæг, -
'Рцæудзæн, - цухъайаг æлвис...
1944 аз, Полыиæ
АВДÆНЫ ЗАРÆГ
Ахуысс, ахуысс, о мæ хъæбул.
Афынæй мын кæн, -
Хуры тынтæн арвы цъæх кул
Калы ирд тæмæн...
Афтæ ’рттывта, афтæ, мæ цæст,
Махæн дæр нæ цард,
Фæлæ ’рлæууыд тугкалæн хæст
Æмæ ацыд дард
Тохы быдыр - арты гуылфмæ
Иу сæрды дæ фыд, -
Уым лæгæрста хæсты хуылфмæ, -
Знагимæ хæцыд.
Фæлæ байсæфт... Бирæ бонтæ
Рацыди уæдæй...
Ахуысс, ахуысс, о мæ зæрдæ,
Афынæй кæн, цæй.
Искуы мын куы бахъомыл уай,
Уарз-иу, уарз, фæллой...
Чи зоны, тæхæг мын ысуай, -
Хорз фыдау - Герой.
Уарз-иу уæд дæ Фыдыбæстæ
Уый хуызæн ды дæр:
Райгуырæнæн тохы рæстæг
Уæд нывонд дæ сæр.
169
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ды нæ зоныс хæсты рæстæг
Мах хъæуы ызнаг
Куыд басыгъта карз зымæджы..
Рæз, мæ царды таг.
Ды нæ зоныс д’ авдæнхъæдыл
Калдто’н æз цæссыг.
Тар æхсæвты уынджы къæйыл,
Ме ’нхъæлцау кæстæр..
Хуры тынтæм арвы цъæх кул
Калы ирд тæмæн...
Ахуысс, ахуысс, о мæ хъæбул,
Афынæй уал кæн!..
1945 аз, Саратов
* * *
Дысон тæрккъæвда бæлæсты хилтæ,
Ног чындзау, тынг ирд ныхсадта.
Зæхмæ æркалдысты сойцъир хъæндилтæ, -
Дардмæ сæ дымгæ фæхаста...
Хуры æрбакастмæ ногдзыд къалиутæ
Дидинæг ракалдтой, хъазынц, -
Систой сыл ног зарæг уалдзыгон цъиутæ,
Рухс хурмæ се уæнгтæ ’вазынц...
1945 аз, май
* * *
Изæр... Нæ быдыр цинæй ризы...
Ныгуылæн дары сырх,
Цыма йыл туг ныппырх, -
Уый хур йæ авдæнмæ фæхизы.
Æрæнцад уады хъæр...
Цæй, баулæф ды дæр.
1945 аз, май
170
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ЧЕХОЙТЫ СÆРÆБИ
1916- 1969
• * *
* * *
Ехх, мæ бæх, дæумæ та дзурын:
Æз куы фæуон мард,
Уæд дæ иу хорздзинад курын:
Ахæсс-иу мæ мард
Далæ райгуырæн Кавказмæ,
Ма мæ ныууадз ам.
Уым цæудзæн мæ фыд дæ размæ,
Ратдзæн дын салам.
Фæлæ кæд дæ саргъæй хауон,
Уæд дзыхълæуд фæкæн, -
Æз цæмæй хæрздзæгьæл ма уон -
Лæуу мæнæн цыртæн!
Цалынмæ мæ исчи ссара,
Ма фезмæл уæдмæ.
Цалынмæ гæххæтт нæ араст
Ме схæссæг фыдмæ.
...Хæст та сцырын. Цом та размæ!
Иннæтау тырнæм...
Не ’вдæлы, нæ, мах ныхасмæ,
Хъарджытæм дæр - нæ!
Ис хæстоны стыр зæрдæйы
Иу ныхас - «хæрзбон!»
'Мæ куыд вæййы, йе цы вæййы -
Ды мæ фæдзæхст зон.
1942 за
* * *
Ма тæрс ды карз хæсты артæй, -
Не знаг - тыхджын æмæ хин,
Асай йæ, амар æй тагъддæр,
Науæд дын мардзæн дæхи.
~ 172~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Худинаг - хъахъхъæнын хи сæр,
Иу лæджы цардæй цард нæй.
Адæмы рисæй ис риссæн,
Ма кæн дæ адæмы уæй!
Химбæстаг карз тохы чиуы,
Иумæ уæм амондджын, цæй!
Иунæгæй амондджын чи у,
Уымæй æнамонддæр нæй!
1943 аз, Харьков
Уартæ рагьмæ хур æрхæстæг,
Мæн та хуры скаст хъæуы...
Хъæуы фале ма æрмæстдæр
Иугай гæрæхтæ цæуы.
Уартæ мигь дæр рагьы сæрмæ,
Тугæй ахуырстау, ныссырх.
Туг дыууæ цæфæй изæрмæ
Мæнæ м’ алыфарс ныппырх.
1943 аз, Михайловскæйы хьæу
Мæн фыссын фæфæнды, - нал мæ ’ндавы ныр.
Æз йæ хорздзинæдтæ фыст нæ фæдæн Ирæн.
Уæд цыфæнды мемæ... Уæд мæ цард цыбыр, -
Ис цыбыр царды дæр саразæнтæ бирæ.
Ницы мын бантысти диссагæй нæхимæ,
Хæсты заман чи циу, уый та у бæрæг...
Æз æппын нæ кæнын карз хæсты мæхи мæт, -
Чи цæры йæхицæн, уый нæ хонын лæг.
1943 азу Ахтыркæ
Сабыр цард куы ’рцæуа, хæст куы фæуа, хæст,
Уæд мæ уæззау цинел раласдзынæн æз.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Сау туджы хъæбæртæ дарæсыл уыдзæн,
Æмæ сæ нæхимæ уæд мæ хо ныхсдзæн.
Баззайдзысты ностæ ’взонг буарыл æрмæст, -
Ностæн нæй ныхсæн дæр - кæс æмæ сæм кæс.
Зон, нæу носты сафын азтæн дæр сæ бон, -
Цасфæнды фæцæрон - урсрихи дæр уон,
Ностæ ма зындзысты ме уæнгтыл мæнæн,
Уæд мæ фырты фырттæ бафæрсдзысты мæн:
«Зæгъ, баба, кæм уыдтæ ацы цæфты онг?
Зæгъ, къуылых цæмæн дæ? Зæгъ, кæм и дæ цонг?»
Æз зæгъдзынæн афтæ уыцы сабитæн:
«Уыд кæддæр ыстыр хæст, - уыцы ран уыдтæн».
1944 аз
* * *
Æрхаудтæ, ме ’мбал, мæнæ,
Мæлæтдзаг цæф фæдæ,
Фæстаг ызмæлд ма скæны
Дæ тугæрхæм зæрдæ.
Нылхъывтай къухты гæрзтæ...
Нæ дæ кæнын æз хъаст...
Хæрзбон, хæрзбон. Дæ фæстæ
Æз райсдзынæн дæ маст.
Мæнæн дæр конд - мæ амонд! -
Цæуын уал размæ цырд.
Фыдыбæсты сæраппонд
Хæцын хъæуы, хæцын!
1941 аз
* * *
Кæугæ-иу ма кæн, сау хабар куы райсай, -
Æдзухдæр хæстæй хорз хабæрттæ нæй.
«Фыссы та хорз» - мæ хоты мын-иу асай...
Дæ бон дæхæдæг зондзынæ мæнæй...
174"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Хъæр мæм-иу кæн. Фæзындзынæн дæ хъæрмæ.
Цыртыл тагьд ма кæн, - ницы у гæххæтт...
Æдзухдæр кæс мæ писмотæм æнхъæлмæ,
Мæ ныфс та у мæ мæлæтæн мæлæт.
1944 аз
ЧЫЗГАЙЫ ЗАРÆГ
Тав мæ абон зиуы,
0 сызгьæрин хур.
Зæрдæ ’взонгæн риуы
Абон нал у дур.
Абон æз дæ кастæй
Рухс цæсгом куы дæн.
Сау лæппуйы уарзтæй
Судзы риу мæнæн.
Уый мын ныр дыккаг аз
Хæсты арты ис.
Уырдæм уый куы араст, -
Тынг хъæлдзæг уыдис.
Ссæудзæни фæлладæй
Хъæубæстæм, хъæмæ.
Не ’рцæудзæн æгадæй
Карз хæстæй мæнмæ.
Хæрзиуджытæ риуæй
Калдзысты цæхæр.
Уарзæтты ысиуыл
Цин уыдзæн фылдæр!
1944 аз
Цард лæвар кæмæн у рагæй,
Уымæн цард зонын у зын.
Царды даргъ, уæрæх фæндагыл
Æз уæлахизмæ цæуын.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Цард æз тохгæнгæйæ ’мбарын,
Æз лæвар цæрæг нæ дæн.
Цардыл æз цæфæй дæр зарын, -
Адцжын уымæн у мæнæн.
Бузынг, демæ кæй дæн уымæй,
0 нæ хъæбатыр фæлтæр!
Зарджытæ нæ кæнын къуымæй, -
Дæн ыстыр хæсты фæлтæрд.
Æз нæма бафсæстæн цардæй,
Æмæ уый тыххæй хæцын.
Хæсты сау фæздæджы, арты
Æз нæ уæлахиз уынын.
1944 аз
* * *
Æз мæ сау туг абон дæр ма калин,
Фæлæ не знаг къæхты бын фæцис.
Хæсты ныр цы туджы зæй ысмал и,
Уыцы ран мæ туджы ’ртах дæр ис.
Дзурын æз, нæ фæдонтæ, сымахмæ,
Дуæрттæ уын коммунизммæ сты гом.
Мах, мыййаг, куы нæ схæццæ уæм рагъмæ,
Уæддæр-иу нын буц кæнут нæ ном,
Курын æз, уæ куывды нæ-иу мысут,
Ахса мах æнусты дæргъы цæст.
Хорз нын-иу нæ цыртытыл ныффыссут,
Уадз, æвдисой фæлтæртæн нæ хæст.
Æз мæ сау туг абон дæр ма калин...
Фæлæ не знаг къæхты бын фæцис.
Хæсты ныр цы туджы зæй ысмал и,
Бузныг, уым мæ тугæй дæр кæй ис!
1945 аз
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Адæмои иыхæстæ
КОМФÆСИВÆДЫ ЗАРÆГ
Цом æмæ, зæгъы, фæцæуæм, гъей,
Цом æмæ фæцæуæм, гъей,
Комфæсивæд, гъей!
Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ, гьей,
Цом æмæ фæцæуæм, гьей,
Комфæсивæд, гьей!
Хохы бæстæй, сахъ лæппутæ, гьей,
Цом æмæ фæцæуæм, гьей,
Комфæсивæд, гьей!
Нæ ирон кад ма фесæфа, гьей,
Цом æмæ фæцæуæм, гъей,
Комфæсивæд, гьей!
Асаты Реуаз
ПЛИТЫ ИССÆЙЫ ЗАРÆГ
0 мæнæ та радио ног уац æрхаста:
Хæххон ирон лæг - Плиты Иссæ, гьей,
Советон Цæдисы Хъайтары ном райста,
Айхъуыст нæ райгуырæн бæстыл йæ ном.
Фыдæлтæй фæстæмæ нæ адæмæн баззад
Лæгдзинад, ’хсардзинад, кардæй хъазт, гъей,
Æмæ дзы Иссæ дæр фæстейы нæ баззад,
Зоны фыдызнагæй райсын йæ маст.
Уый разæй фæтæхы йæ саулохыл фатау,
Цæхæртæ калы йæ фæринк кард, гьей,
Йæ бæхджын хъазахъхъаг гæрзарæхст æфсадæн
Нæры йæ фæстæ æрвнæрæджы зард.
Кавказаг хæххон лæг Германы быдырты
" 178
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Æрзылд уæлахизимæ уæндон, гъей.
Йæ кадыл нæ дзыллæтæ зарджытæ зарынц,
Дунейыл айхъуыст ирон лæджы ном.
Фæнды нæ дæ фенын стырæй, чысылæй,
Иссæ, Советон Цæдисы Хъайтар.
Уæлахизæй сыздæхтæ тохы быдырæй,
Не ’мбæстаг сахъгуырд - ирон инæлар.
Уæлахизæй сыздæхтæ кадимæ,
Сахъгуырд ирон инæлар.
Дзасохты Музафер
МАМСЫРАТЫ ХАДЖУМАРЫ ЗАРÆГ
Цæргæсæн тымыгъты нæ фæцæф йæ базыр -
Йæ хъару йын басастой дугтæ.
Хæстон лæг йæ мæлæт куы ссары йæ базыл,
Ныккæлынц уæд зæрдæйы тугтæ.
Æхст уари фæмысы йæ сæнтты фæстаг хатт
Цъæх арвы, фæтындзы ма рухсмæ.
Хъæбатыр Хаджумар цы хæтæнты ахатт,
Уым баззад йæ намыс æнусмæ.
Нæ урссæр къæдзæхтæн нæ зынынц сæ сæртæ,
Уый сау мигътæ нал кæнынц уисæн.
Ныфсфидар уыд тохты бæгъатыры зæрдæ,
Уæд тасын куыд бакуымдта низæн?!
Зæрватыккæн хурау йæ ахстон у адджын,
Бæмбæгæй фæлмæндæр - йæ бадæн.
Æгасæй йæ дзыллæйы чи скæны кадджын,
Уый мардыл нæ нымайынц адæм.
Дзæбидыры хъазæн, дам, саппы дæр нæууыл,
Фæцæйтæхы дымгæ йæ рæзты.
Джеоры сау лæппу ныууагъта уæлæуыл
Æнæмæлгæ кадæг йæ бæсты.
179 "
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Кокайты Тотрадз
НОМДЗЫД БАЛХОНЫ ЗАРÆГ
Сау пиллон цæхæры Райгуырæн куы сыгъд,
Иры уарзон хъæбул карз тохмæ уæд цыд.
Тох уыдис æгьатыр, уыд рæстаджы тох, -
Абон дæр нæ кæны зæрдæтæй уый рох.
Иры уарзон хъæбул Плиты сахъ Иссæ
Хъахъхъæны фыдгулæй Райгуырæн къæсæр.
— Тох, лæппутæ! Размæ! — анæры йæ дзырд,
Номдзыд балхон басгуыхт Иры уарзон фырт.
Карз тохы фæдисмæ уадæмдзу бæхыл
Номдзыд балхон разæй алыхатт тæхы, -
Урс нымæт ныппака, æхсаргард - æлвæст, -
Райгуырæны сæрыл бацайдагь ис хæст.
Уалдзæджы тæмæны хæсты цалх ныссаст,
Зæрдæты та бацард амонд æмæ уарзт.
Ма дын уа ныммæлæн, кадылмард ирон,
Чи скодта нæ Ирæн ном æмæ цæсгом.
Адæмон ныхæстæ
ЦÆЛЫККАТЫ ХЪАНТЕМЫРЫ ЗАРÆГ
Ой, ой! Бирæ тох фæкодтай
Литвайы быдырты, ой, ой!
Хъæбатыр Хъантемыр,
Цæлыккаты инæлар, гьей!
Ой, ой! Садоны шахтертæ
Сæ нормæ сисдзысты, ой, ой,
Уæд гитлерон цъаммартæ
Сæ хъоргъмæ куы лидздзысты, гъей!
Ой, ой! Мæздæджы быран нын
Уæззау хидæн разынди, ой, ой,
Советон Сырх æфсад
Уæлахизæй рацыди, гъей!
180"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ой, ой! Арфæ мын ракæнут
Нæ Иры дзыллæйæн, ой, ой,
Уый мæ куы бавæрдта
Къостайы рухс уæлмæрды, гъей!
Гуырдзибети Барис
КЪЕСАТИ АСТАНЫ ЗАРÆГ
Фæсалыл, дам, арт бахæцыд.
Арт нæ разынд, зынджы къæртт уыд.
Ой, тæрккъæвда йæ æд æртхутæг
Уый зæйластау ныххурх кодта, ой!
Дæлдон цæуæг «Малюткæйыл»
Æд фæдонтæ ирон лæппу, ой,
Ой, фыдызнагæй фараст науы
Æд æрдонгтæ ныппырх кодта, ой!
Уæлхохæй, дам, халон ратахт,
Халон нæ уыд, бæлон разынд, ой,
Йæ фæстæ тахт тугмондагæй,
Тугмондагæй тугдзых цæргæс, ой!
Даккамæ-ма мын фæдзурут,
Уæ хорз адæм - мæ хъæубæстæ, ой!
Ой, ирон лæппу, дæ сахъ хъæбул
Мæла, уæддæр æхсарджынæй, ой!
Цагъайраджы æфсондзы бын
Ма уæд макуы нæ рухс бæстæ, ой!
Ой, нæ фæсайдта йæ ардбахæрд,
Ой, не ’мзæххон Къесайы-фырт, ой!
Йæ кад ныхъхъæр нæ Цæдисыл,
Райста Астан хъайтары ном, ой!
Ой, бæрзонд хæссынц йæ фæдонтæ
Ирон сахъгуырд Астаны ном, ой!
182
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Гаджиты Георги
ХЕТÆГКАТЫ ГАБОЙЫ ЗАРÆГ
Сау сынт, зæгь, ратахти
Æмæ Туалгоммæ сау уац æрбахаста, ой, тох!
Сæрибарыл тох!
Гитлеры сау æрдонг нæ бæсты арæнтæм
Йæ ныфс куыд бахаста, гъей!
Туалты уæд хистæртæ
Габомæ дзурынц сæ зæрдæ рисгæйæ, ой, тох!
Комы фæсивæд
Кæнæм мах де уазæг кæстæрæй, хистæрæй,
Кæнæм мах де уазæг, гъей!
Хетæджы сахъ фырт, дам, гъей,
Йе ’фсæдты разæй карз тохмæ фæраст и, ой, тох!
Йæ хæстхъом салдæттæм
Сармадзаны нæмыг уæд къори куы касти,
Уæд къори куы касти, гъей!
Габойы разæй, дам, гъей,
Немыц лыгъдысты æфсæст фосы дзугтау, ой, тох!
Мæлæт дын ма уа,
Хъæбатыр сахъ Габо, карз тохы чи райста
Нæ рæзгæты тугтæ, гъей!
Джиоты Хазби
ОСТЪАТЫ АЛЕКСИЙЫ ЗАРÆГ
Цæй-ма, цæй, нæ фæсивæд,
Кады зарæг азæрæм, гъей,
Остъаты Алексийыл -
Ирон фыццаг хъæбатырыл, гъей.
Сахъ лæппу уыд, сахъ цæргæс
Остъаты Егоры фырт, гъей!
Карз тохы фашистты ’рдонг
Цагьта уый æгъатырæй, гъей!
^
&&
183
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Фæлæ хæст куы банцади,
Туджы зæй куы нал цыди, гъей! -
Нал æрцыд Ирыстонмæ,
Нал æртахт хæххон цæргæс, гъей!
Худынц хæхтæ-быдыртæ,
Мысы Ир йæ сахъ фырты, гъей!
Моргуаты Элъбрус
ДОЙАТЫ ДАВИДЫ ЗАРÆГ
Уæрæх адагæй Джызæлы хъæддзаутæ
Фæстæмæ куы здæхынц, гьей!
Давиды къухæй фыдызнаджы ’фсæдтæ
Дæсгæйттæй фæлдæхынц, гъей!
Цæмæй æнхъæл уыдис, уæззау цæфтæ йæ
Фæцудын кæндзысты, гъей!
Цæмæй æнхъæл уыдис, йæ хæстон æмбæлттæ
Йæ цуры кæудзысты, гъей!
Ныййарæг Адзитто, Джызæлы хъæубæстæ,
Хъæбатыр нæ мæлы, гъей!
Хæрзбон уын зæгъа, куы кæуат йæ фæстæ
Йæ райгуырæн хъæуы, гъей!
Джызæйлаг цæхæрцæст Германы хæсты
Лæгдзинад равдыста, гьей!
Дойаты Давид йæ райгуырæн бæстæн
Йæ тугæй хæс бафыста, гъей!
Йæ къах æй нæ хæссы, цæрдзæни Хъырымы,
Йæ туг дзы ныккалдта, гьей!
Йæ бæрзонд цырт Керчæй, кæс, дардмæ куы зыны,
Йæ ном дзы ныууагъта, гьей!
184 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Адæмои пыхæстæ
ÆХСАРАТЫ ЭНВЕРЫ ЗАРÆГ
Райгуырæн бæстæ нæм тохмæ уæд фæсидт,
Нæ сахъ фæсивæд, ой, ой!
Нæ бон мæйдарæй нæ ивæм, ой,
Мæ бон, Æхсараты хъæбатыр Энвер, гъей!
Тархъæды бæлас кæд æмæ акалдтой
Цæджындзы уæд тыххæй.
Мæ уарзон æмгæрттæ, ой, ой,
Фыдыбæсты хæстмæ фæцыдысты
Нæ царды цæрыны уæд тыххæй,
Мæ бон, Æхсараты хъæбатыр Энвер, гъей!
Махæн ахæм цардуарзон æмгæрттæ
Нæ дуджы уæд фæрцы, ой, ой!
Фыдызнаг дæ цæфтæй йæ туджы куы мæцы, ой,
Мæ бон, Æхсараты хъæбатыр Энвер, гъей! Ой, тох!
Лдæмон ныхæстæ
ТОГЪУЫЗТЫ ХЪАУЫРБЕДЖЫ ЗАРÆГ
Ой, ой, зæгъы, топхосы фæздæг куы схæццæ
Нæ хæхты рæбынмæ, гъей, гъей!
Гъей, гъей! Тогъуызты Хъауырбег бадзуры:
«Хъазуаты тохмæ фæцæуæм, фæцæуæм, фæсивæд, гъей,
Гермайнаг лæгсырдтæй
Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ, гъей!»
Ой, ой, зæгъы, нузайлаг зæрингуырдтæ
Болат хырх скодтой, гъей, гъей!
Гъей, гъей! Тогъуызты Хъауырбег
Йæ хъæбатыр æмбæлттимæ æфсæндзых бирæгътæн
Сармадзанæй сау пырх ныккодтой, гъей!
"185"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ой, ой, æмæ, дам, Бехъаны фыййау
Фырцинæй фидиуæг фестад, гъей, гъей!
Гъей, гъей! Тогъуызты Хъауырбег
Хæстæй уæлахизимæ цæугæйæ, йæ развæндаг, гъей,
Æрыдоны быдырты дидинæг фестад, гъей!
Ой, ой! Тогъуызты Хъауырбег фыдæлты фарнæй
Æфсармджын уыди, гъей, гъей!
Гъей, гъей! Æфсармджын уыди, гъей!
Ой, айнæгриу хæхтæ, сымахау тохы быдырты
Уый æнæфæцудгæ æхсарджын уыди, гъей!
Дзасохты Музафер
ГАГКАЙТЫ АЛИХАНЫ ЗАРÆГ
Æнусон цъититæ нæ уæндынц Хъæриумæ,
Дæрдтæй йæм фæлгæсынц, гъей!
Мæ уарзон æмбæлттæ, ныззарæм, цæй, иумæ
Хъæбатыр цæргæсыл, гъей!
Къæхтысæр фæндагыл сæгуыт дæр фæллайы,
Æрхуыссы ’мæ фесты, гъей!
Гагкайты фæйнæгфарс йæ цæфтæ нымайы,
Нымад ын нæ фесты, гъей!
Нæ уарзон хæхбæсты куы скæны стыр хъызт,
Уад ниуы ахъаззаг, гъей!
Германы сау хæстæй йæ кады ном сыхъуыст,
Йæхæдæг уым баззад, гъей!
Бехъаны къуырфауы цы суадæтты цад и!
Йæ сатæг мæм хъары, гъей!
Хæстоны ингæныл цъæх кæрдæг æрзади,
Цæссыг ыл фæуарыд, гъей!
Æнæрцæф æфсургъæн ехс дарын нæ хъæуы,
Йæ ехс у йæ барæг, гъей!
Алиханы мардыл ныууадзут уæ кæуын,
Ныззарут ыл зарæг, гъей!
"186
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Цæгæраты Гиго
ДЗУСАТЫ ИБРАГИМЫ ЗАРÆГ
Фæдис, фæсивæд, фыдзаман ыскодта, гъей,
Райгуырæн бæстыл, гьей!
Ацы зын сахат иумæ хъуамæ уæм,
Хъуамæ уæм хæсты, гьей!
Хъуамæ уæм хæсты, гъей!
Ой, сау мигъты талынг арвы хъæбысæй, гъей,
Фæзмæ æрцыди, гьей!
Дзусаты сахъгуырд, номдзыд Ибрагим
Хæстмæ фæцыди, гъей!
Хæстмæ фæцыди, гъей!
Уæлахизмæ уый йæ риуæмбæрцæй, гъей,
Фæндаг лæгæрста, гъей!
Арвы бæрзæндтæй знаджы тæхджыты
Зæхмæ æппæрста, гъей!
Зæхмæ æппæрста, гъей!
Фыдгулы ’фсæдтæй сахъгуырд Ибрагим, гъей,
Бирæ ныццагъта, гъей!
Райгуырæн бæстæ
Уымæн йæ риуыл
Стъалы æрсагъта, гъей!
Стъалы æрсагъта, гъей!
Кокайты Тотрадз
СЛАНТЫ ЛЕНТЪОЙЫ ЗАРÆГ
Фыдбоны æрвнæрдæй уæлхохы бæрзонд тулдз
Бындзарæй нырризы.
Ой, Сланы-фырт Лентъо афтæ бадзуры:
«Уынгæг бон ныккодта, мæ хæстон æмгæрттæ,
Нæ уарзон Цæдисыл».
187
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Къардоны хæдсæрмæ цы Ног Ир ныззылди,
Терк уайы йæ фæрсты.
Ой, Сланы-фырт Лентъо афтæ бадзуры:
«Фæсурæм, лæппутæ, фашистон æрдонгты
Нæ Райгуырæн бæстæй».
Уæлвæзы фæтæнты уалдзыгон гауыз
Йæ цъæхæй æмбæрзы.
Ой, Сланы-фырт Лентъо афтæ бадзуры:
«Мæ уадсур цæргæсты æхсаргæрдты цæфтæй
Фыдызнаг ныхъхъæрзы».
Уыраугæ зæй банцад сæумæрайсом раджы
Сæнайы рæбынмæ.
Ой, Сланы-фырт Лентъо афтæ бадзуры:
«Мах хастам бæрзæндты нæ номы тырыса
Ызнаджы чъылдыммæ».
Сæууон хуры тынтæм цæхæртæ куы калынц
Нæ Иры фæтæнтæ.
Ой, Сланты инæлар афтæ бадзуры:
«Уæззау туджы аргьæй уæлахиз æрхастам
Мах фидæн фæлтæртæн».
Гаджиты Георги
КЪАЛАТЫ СЕРГЕЙЫ ЗАРÆГ
Ой, Къалаты хæдзармæ сау сынт сау уац æрхаста,
Ой, сау уац æрхаста.
Охх, мæ бон! Гермайнаг нæмыг
Мæ рæзгæ зæрдæйы кардау ыскарста, гьей!
Ой, нæ бæсты сæрвæлтау тохы размæ абырстон,
Ой, размæ абырстон.
Охх, мæ бон! Немыцаг сырдтæй
Мæлæты размæ бирæ барвыстон, гъей!
Ой, тæхуды ныр баназ хохаг уазал суадонæй,
Ой, хохаг суадонæй.
188~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Охх, мæ бон! Мæ мад Езетхан
Чызджытæм кæй уарзтон, уый куы базонид, гъей!
Ой, мæ иунæг æфсымæр, фидар, фидар-иу фæлæуу,
Ой, фидар-иу фæлæуу, -
Охх, мæ бон, куы уæм сæрвитой
Ме ’фсæдцон дарæс тугæй уæд хъулæттæй, гьей!
Кокайты Тотрадз
КОКАЙТЫ САЛАМДЖЕРИЙЫ ЗАРÆГ
Æхсæры къабузыл хуымæллæг æрзæбул, -
Нæ кувинаг алкæд нæ Хуыцæуттæн барст у.
Кокайты Саламджери - хуымæтæджы лæппу -
Фыдыбæсты хæстмæ уæндонæй фæраст и.
Æнæном обауыл цæфбазыр цæргæстæ
Рæстæгмæ æрбадынц - фæтæхынц сæ балцы.
Кокайты Саламджери æгъатыр фыдхæсты
Мæлæты дзæмбытæй уæлахизæй рацыд.
Зæрин хур йæ тынтыл æрхъæцмæ нæ хъæцы, -
Æрвиты сæ зæхмæ - зæхх цинтæ ыссара.
Кокайты Саламджери йæ хъаруйы фæрцы
Ныфсхастæй куы цæуы йæ царды нысанмæ.
Æхсæрдзæн йæ цины æртæхтæй куы хъазы, -
Ныннæры йæ зарæг æгæрон уæлæрвты.
Кокайты Саламджери æцæг лæг куы разынд,
Ныхъхъæцы йæ зынтæн, йæ судзаггаг цæфтæн.
Сæнайы бæрзондæн йæ æрттивгæ митсæр
Сæууон хуры тынтæм цæргæбонты хъазы.
Кокайты Саламджери - нæ намысджын хистæр -
Йæ удæй фылдæр нын Ирыстон куы уарзы, -
Ой, кадджын ирон лæг, йæ фарн у æнусон!
"189""
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Гулчеты Епо
ДЗОТТИ ЛАЗÆРИ ЗАР
Раседуй карз тохмæ нæ бæстæ
Нæ болат фурттæмæ мадау, ой, ой!
Лæгисæр багъудæй, ой, рацотæ,
Æзнæгти содзетæ зингау, ей!
Гермайнаг нæ гъæутæ ку содзуй,
Сабити е артмæ калуй, ой, ой!
Сау берæгъ уæззау цæф ку есуй,
Сау берæгъ мæлæтмæ цæуй, ой!
Дур-Дури сæри уæд базмалдæй.
Таргъæдæй æ сифтæн æваст, ой, ой!
Дзеди фурт фертæстæй æ мадæй.
Æзнæгтæй ку иста æ маст, ой, ой!
Лазæр уæд Домбасси будурти
Æзнæгти буройнæ кодта, ой, ой!
Уæлахез æдæрсгæй æ къохти
Æфсадæн сæ разæй хаста, гъей!
Зонун мæ адæм, зонун мæ бæстæ,
Æзнаг ке уодзæнæй дæрæн, ой, ой.
Размæ, цæветæ æзнæгти хъартæ!
Икъаты Владимир
ГÆЗДÆНТЫ ÆФСЫМÆРТЫ ЗАРÆГ
«Тохмæ, тохмæ, Германы хæстмæ», -
Райгуырæн зæхх сидт йæ хъæбултæм.
Уæд Гæздæнты авд æфсымæры
Кад æрхастой мад-фыды зæххæн.
О мæ хъæбултæ,
О мæ авд хурыу
Мады зæрдæ усе
Судзгæ агуры...
ч
190'"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Иу дæр уæ нал æрцыд
Тохы быдырæй,
О мæ хъæбултæ,
Налдæр уæнг цухæй!
«Тохмæ, тохмæ, Германы хæстмæ», -
Райгуырæн зæхх сидт йæ хъæбултæм.
Уæд Гæздæнты авд æфсымæры
Кад æрхастой мад-фыды зæххæн.
Иу дæр уæ нал загъта:
«О мæ ныййарæг,
Мæнæ раздæхти
Авдæй иу дарæг!»
Иу дæр уæ пал æрцыд
Тохы быдырæй,
О мæ хъæбулшæ,
Налдæр уæнг цухæй!
Базарут-ма, базарут фæрнæй,
Не ’фсымæртыл иууылдæр, уæй тох!
Амæлæн сын никæдбонты нæй:
Тохы гуырдтæ никуы вæййынц рох!
Кокайты Тотрадз
ЗАРÆГ АВД ЗЫРНÆГЫЛ
Фыййагдоны былыл æмдымбыл хæристæ
Сæ фæлмæн дзыккутæ нæ фæисынц донæй.
Гæздæнты æфсымæртæ тохы фæдисмæ
Нæ бæсты сæрвæлтау цыдысты уæндонæй.
Хъæриуы фæтæн риу - цæргæсты æрбадæн, -
Æнæбары туджджын уым фехста йæ хъама.
Гæздæнты хæстонтæ сæрибары кадæн
Мæлæтмæ цыдысты лæгæвзарæн заман.
Æхсæрдзæнты зарæг æнæнцой куы хъуыса, -
Нæ баззайдзæн адæмæй никуы уæд рохы.
Гæздæнты хæстонтæ хурыуæз тырыса
Бæрзæндты фæхастой тугуарæн тохы.
"192"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Зырнæджыты халæй цы авд зырнæг ратахт, -
Æркодтой сæ бадæн Куырттаты дæлвæзы.
Гæздæнты хæстонтыл сæ хъысмæт кæд рахатт, -
Сæ номы цыртдзæвæн дунетыл фæлгæсы.
Куыд фендæрхуызон ис Хъæдæргъæвæн нарæг,
Фæндаггон ыл дард балцмæ нал кæны зивæг,
Гæздæнты æфсымæрты намысы зарæг,
Цæй, сисæм бæрзонддæр, нæ Иры фæсивæд.
Гулчеты Епо
БИЦАТИ ÆХСÆЗ ÆНСУВÆРИ ЗАР
Фæсевæди лæгдæртæ
Æрцудæнцæ карз тохмæ, гъей!
Тæссаг рауæн адтæй, ой, фидибæстæ, ой,
Æмпурстонцæ имæ фуд æзнæгтæ, гъей!
Сау денгизи цæхъалтæ
Мах Астани зонунцæ, ой!
Е дæлдонмæ, ой, ку ’рвиста, ой,
Знаги наутæ æд æфсад, гъей!
Сор зæнхæбæл фуд æзнаги
Æнæхатирæй цавтонцæ, ой!
Номдзуд Сергей, уæд Александр, ой,
Павел æма сахъ Æхсарбег, гъей!
Кадæ, кадæ дин, Иристон,
Дæ намусгун сахъ фурттæй, ой!
Устур Фидибæсти тугъдæй, ой,
Рахастонцæ, ой, кади ном дæуæн, Иристон, гъей!
Гъомбæл кодта уæлдæфи,
Гъомбæл фрицти цъæхтæмæ, ой!
Ой, Бицати Сергей, ой,
Согти калд син ку кодта, гъей!
193
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Адæмон пыхæстæ
ХЪАЛÆГАТЫ ТÆТÆРИЙЫ
ФОНДЗ ФЫРТЫ ЗАРÆГ
Куырттаты комы фыдохы сау барæг.
Хъалæгаты Тæтæрийы фондз фыртыл
Хъæдгæрон скодтой тохы зарæг, гъей!
Карцайы сæрмæ Дзывгъисы гæнæхтæ.
Дзамболат бадзуры йе ’фсымæртæм:
«Нæ арæнæй фæцыди фæдисы гæрæхтæ, гъей!»
Дыгуры комы, дам, Фæсналы бæрæгбон.
Хъазан бадзуры: «Мах куы загътам
Нæ уарзон бæстæйæн фæстаджы хæрзæбон, гъей!»
Дайраны бынмæ Дзæуыджы цъæх фæзтæ.
Мæцыхъо бадзуры: «Мах нæ ратдзыстæм
Германы фашисттæн нæ Фыдыбæстæ, гъей!»
Уадцымгæ куы сыста - хæхтæ дæр ракалдзæн.
Мысост бадзуры: «Нæ иунæг хо ныл
Иронвæндаггæнгæ кæуынæй йæхи амардзæн, гъей!»
Мызуры бын, дам, худисæн гæнæхтæ.
Тæтæрхъан бадзуры: «Мах фæкæндзыстæм
Нæ фыдызнæгты удисæн гæрæхтæ, гъей!»
Зæрæстон фæзæй иу æвзар ысзындис.
Фондз æфсымæры ныййарæг Хангуассæ бадзуры:
«Мæ фондз хъæбулæй хæстæй иу дæр нал ыссыди, гъей!»
Фыййагдоны былыл сау пысыратæ.
Æрыдонæй горæтмæ фæндагыл Тæтæрийы
Фондз фыртæн ныссагътам сау тырысатæ, гъей!
194 "
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Кокайты Тотрадз
ТАХОХТЫ ПÆПЕЙЫ
ФОНДЗ ФЫРТЫ ЗАРÆГ
Æнусон бæлæстæн сæ фидардæр - Хъарман,
Æндонком фæрæт æй æнцонæй нæ исы.
Пæпейы фондз фырты лæгæвзарæн заман
Уæндонæй цыдысты æрдхæрæн фæдисы.
Цæргæсы лæппынтæн цъæх арвы тыгъдады
Сæрибары дуджы - сæ хъазæн, сæ хæтæн.
Пæпейы фондз фырты уæд карз тохы арты
Уысмыбæрц нæ барстой фыдгулы æфхæрдæн.
Тырмоны уæрæх ком цæй уынгæгæй разынд,
Фæззыгон мигътæ йæ сæ тарæй ныхгæдтой.
Пæпейы фондз фырты фыдохы фыдазты
Уæлахизмæ фæндаг сæ тугæй æлхæдтой.
Хурхоры бæрзондыл цы сау сынт æрбадти,
Æвирхъау фыдбоны уый сау уац æрхаста.
Пæпейы фондз фыртæн сæ мæсыг ныккалди, -
Фыдгулы фыднæмыг сæ иугай æрцахста.
Цъæх цъитийы сæрмæ хур хъазы хæстæгмæ,
Йæ тынтæй рæвдауы нæ райгуырæн бæстæ.
Пæпейы фондз фырты сæ уарзон кæстæртæн
Лæгдзинады зарæг ныууагътой сæ фæстæ.
Ой, рухсаг уат, рухсаг,
Тахохты Пæпейы фондз зынгхуызт фырты.
Лдæмоп иыхæстæ
БÆРОЙТЫ ФОНДЗ ÆФСЫМÆРЫ ЗАРÆГ
Уæй тох! Хæсты тох æрцыди, лæппутæ,
Фашистон тугдзыхтæ нæ бæстæм лæбурдтой,
Бæройты Тазейы фондз фырты
Карз тох фæкодтой, гъей!
195 "
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Уæлахизы тохы лæгдзинад равдыстой,
Хæрзбон, нæ Ирыстон, гьей!
Уæртæ цъыфджыны мидæгæй,
Ой, уæй æмæ, лæппутæ,
Стыр тохы зарæг ныккæнæм, фæсивæд,
Тазейы фондз фырты стыр тохы зарæг, гъей!
Сæ райгуырæн бæстæн
Ыстыр кад ыскодтой.
Хæрзбон, нæ Ирыстон, гъей!
Цæгæраты Гиго
ГАБЫСТЫ ÆФСЫМÆРТЫ ЗАРÆГ
Фыййауы рæгъæуттæ кæд Къобы къæдзæхты, гъей,
Кæд Къобы къæдзæхты уырдыг къултыл хизынц.
Майрæм бадзуры:
«Хъырымы уæлвæзты мæ топпы гæрæхтæй,
Мæ топпы гæрæхтæй нæ фыдгултæ лидзынц, гъей!»
Дзæбидыры фæндаг Хъæриуыл æруади,
Хъæриуыл æруади æхсæрдзæны бынмæ.
Вано бадзуры:
«Фыдызнаджы нæмыг мæ риуыл ысуади,
Мæ риуыл ысуади Тернополы бынмæ, гъей!»
Æрыгон фыййæуттыл куы рацæуы уарын,
Куы рацæуы уарын уæд лидзæг нæ фестынц, гъей!
Хазби бадзуры:
«Цæвут, сæ, æмбæлттæ! Æрбацæуы сау рын,
Æрбацæуы сау рын, мæ гильдзытæ фесты, гъей!»
Мæ рæгъау хизгæйæ Хæмыцы лæбырдтæн,
Хæмыцы лæбырдтæн сæ бынмæ нæ кастæн.
Барис бадзуры:
«Мæ уарзон хъæубæстæ, æз уыцы лæгсырдтæй,
Æз уыцы лæгсырдтæй æппындæр нæ тарстæн, гъей!
Уæлладжыры комы бæрз уистæ кæнынмæ,
Бæрз уистæ кæнынмæ уæтæрыл æрцыдтæн.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Аким бадзуры:
«Мæ хорз æфсымæртæ, фашистты цæгъдынмæ,
Фашистты цæгьдынмæ уæ сæрыл фæцыдтæн, гьей!»
Гаджиты Георги
БИАСТЫ ФОНДЗ ÆФСЫМÆРЫ ЗАРÆГ
Нæ уарзон фыдызæхх цъæх арты куы сыгьдис, -
Йæ зынаргь хъæбултæ сæ удтæй ард хордтой.
Карз тохмæ цæугæйæ Биасты лæппутæ
Сæ уарзон хъæубæстæн фæстаг хъæбыс кодтой.
Хъырымы сау зæххыл Дзыбыртт æмæ Зауырбег
Уæззау тохы бонты сæ удтæ куы радтой.
Украины фæзты, Мæздæджы быдырты
Мырза æмæ Смаил сæ сырх туг ныккалдтой.
Сæ кæстæр æфсымæр - цæхæрцæст Мухарбег
Йæ æфсымæрты туг сæдæйæ куы райста.
Фыдбоны поезд ын йæ тугæйдзаг дарæс,
Йæ бирæ хорзæхтæ Дыгурмæ ысласта.
Сырх Дыгуры хъæуы уæ афтид ингæнтыл
Нæ сауцæст чызджытæ хæкъуырццæй кæудзысты.
Биасты Абысал дæ разагъд фондз фырты
Нæ Иры зæрдæйы æнусмæ цæрдзысты.
Кокайты Тотрадз
БИРÆГЪТЫ ФОНДЗ
ÆФСЫМÆРЫ ЗАРÆГ
Уынгæг бон ныккодта, уынгæг бон, лæппутæ,
Цæй, цомут æрдхæрæн фæдисмæ.
Фыдгулы азарæй куы нал кæсы хур дæр
Нæ уарзон Цæдисмæ.
Ой, Бирæгъты Григол, Естъа æмæ Сарди,
Симон æмæ Хазби, гъей,
V
197
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Фыдыбæсты тохмæ уæндонæй куы цæуынц,
Фыдгулы куы цæвынц, гъей.
Уынгæг бон ныккодта, уынгæг бон, æмгартæ,
Фыдгул ныл мæнгардæй æркъæлæт.
Куы раттæм мах уымæ тыхы бон нæ бартæ, -
Хуыздæр уæд нæ мæлæт.
Ой, Бирæгъты Григол, Естъа æмæ Сарди,
Симон æмæ Хазби, гьей,
Фыдыбæсты хæсты ирон зарæг сисынц, -
Лæгдзинад æвдисынц, гъей.
Уынгæг бон ныккодта, нæ Иры фæсивæд,
Сæрибарыл тох у ахъаззаг.
Хæстонæн йæ уæнгты сыгъдæг туг куы ’хсида,
Уæд тохы у раззаг.
Ой, Бирæгъты Григол, Естъа æмæ Сарди,
Симон æмæ Хазби, гъей,
Фыдыбæсты хæсты сæ туг нын ныккалдтой,
Ой, рухсы фæбадой, гъей.
Лдæмон иыхæстæ
ДЗУГАТЫ ЦЫППАР ÆФСЫМÆРЫ ЗАРÆГ
Иры бæрзонд хæхтыл фæдисхъæр ныккæнынц -
«Ыссыгъдис нæ райгуырæн зæхх, ой, мæнæ тох!»
Цыппар æфсымæры ныр тохмæ куы цæуынц,
Ныййарæг мад, фæндараст сын зæгъ, гъей, тох!
Дзыллæты мæсыгтæн æрвылбон сæ сæрмæ
Нынниуынц тымыгь æмæ уад, ой, мæнæ тох!
Дæ фырттæм, Фаризæт, тагъд ма кæс æнхъæлмæ,
Цæрæццагæй нын дард цæуынц, дард, гъей, тох!
Уалдзæджы улæфтмæ арвы цъæх хъæбысы
Фæленк кæны рог мæргъты хал, ой, мæнæ тох!
Нæ райгуырæн зæххыл мæлæтдзаг ныббырсты
Æнхъæвзы æвзонг туджы мал, гъей, тох!
198
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Цæргæстæ æрзилынц æмæ та фæдисæй
Хæсты хъæрæй алидзынц дард, ой, мæнæ тох!
Костя ’мæ Аслæнбег, Тæгкан æмæ Мишæ,
Æнæвгьауæй радтат уæ буц цард, гъей, тох!
Цуаноны топпы хъæр куы ныййазæлыд кæмтты,
Уæд фахсыл дзæбидыр æрхауд, ой, мæнæ тох!
Нæ уарзон хъæбултæ скодтой сæ нæмттæй
Ирыстонæн ном æмæ стыр кад, гьей, тох!
Лндиаты Мæхæмæт
СÆЛБИТЫ ВЕРÆЙЫ ЗАРÆГ
Цæйут-ма, фæсивæд, цæйут-ма, лæппутæ,
Æрбалæууæм иумæ æнгом, ой!
Ныззарæм нæ зарæг Сæлбиты Верæйыл,
О, макуы ферох уа йæ ном, ой!
Нæ райгуырæн бæстыл фæдисхъæр куы фæцыд,
Ызнаг нæм куы сласта йæ кард, ой, -
Бæргæ ма ныттыхсти æнахъом хъæбултыл
Йæ кæуын уромгæйæ мад, ой!
«Гæнæн нæй, фæразут, мæ хуртæ, мæ мæйтæ,
Зæгъын уын рæстæгмæ хæрзбон, ой!
Уæ фыдимæ иумæ нæ бæсты сæрвæлтау,
Знагимæ хъуамæ хæцон, ой!»
Йæхи цотау уарзта хъæбатыр хæстонты,
Æййæфтой дзы алкæд рæвдыд, ой!
Уый сидти ныфсхастæй: «Мæ уарзон бæстонтæ,
Уæлахизмæ размæ цæуæм! Ой!
О, зонут, уæ кадыл уæлахизы фæстæ
Нæ кæстæртæн зæлдзæн сæ зард, ой!»
Сæлбиты афицер, ды райгуырæн бæстæн
Нывондæн æрхастай дæ цард, ой!
199
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Кертаити Тæхир
ХЪАРАТИ МÆХÆМÆТИ ЗАР
Ой, тох, мæ хортæ, нæ сахъ фæсевæд, æрæмбурд уотæ,
Низзарæн мах ба Мæхæмæти зар, Мæхæмæти зар,
Карз тохмæ цæугæ ку загьта уотæ:
«Додойаг дæ сæр, фашистон цъаммар!»
Ой, тох, мæ хортæ, ирайгæй æ маст,
Нæртон игурдау, лескейнаг лæппо
Райста æ къохмæ, æ федар къохмæ тохæнгæрзтæ
Бæсти сæрвæлтау, ку ниннæхстæрæй мæлæтдзаг тохмæ.
Ой, тох, Мæхæмæт, нæ адæми маст дувæрæй есгæй
Тохи будури тæрсун нæ зудтай, тæрсун нæ зудтай,
Лæгигьæдæ ’ма æхсарæ ’вдесгæй,
Тохи цæхæрмæ де ’мбæлтти худтай.
Ой, тох, Мæхæмæт, нæ Ири сахъ фурт,
Нæ Ири цæсгон, рохсаг уо, рохсаг,
Не ’нæкæлгæ хонх, ард дин хуæрæн, ард,
Дæ рохс ном махæй, де ’нæмæлгæ ном
Нæ бауодзæнæй некæдцæр иронх.
Гулчеты Епо
ЗАРÆГ КЦОЙТЫ ПЕТЫРЫЛ
Уой! Уæззау тох, йæ бæхы фæстæ цъаммарты мæрдтæй,
Ой, зæхх бынтондæр ныссау, гъей!
Уой! Уæззау тох, уазал тымыгътæ, сармадзанты ’хсидт,
Ой, дæ ныфсæй куы састай, гъей!
Уой! Уæззау тох, прусаг инæлары хæстон быдыры
Ой, карз тохæй куы байстай, гьей!
Уой! Уæззау тох, Берлины бынмæ тугдзых æфсады
Ой, зæххыл куы бафтыдтай, гьей!
Уой! Уæззау тох, сыгьзæрин стъалы - Ленины орден,
Ой, дæ риуыл сæрттывта, гьей!
Уой! Уæззау тох, сæрибары цардыл, адæмы кадыл,
Ой, Петыр куы фæмарди, гьей!
200~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Цæгæраты Гиго
ХÆТÆГТЫ ХАРИТОНЫ ЗАРÆГ
Æхсæвы сау мигъ хæхтæ æмбæрзгæ
Рагьыл æрхызти, гъей!
Харитон бадзуры:
«Уарзон æмбæлттæ, размæ мæ фæдыл
Знаг ныл æртыхсти, гьей!»
Хохы мит-сæртæ сусæны мæй дæр
Тайын нæ комынц, гъей!
Харитон бадзуры:
«Гитлеры сырдтæн сахъ партизантæ
Сайын нæ комынц, гьей!»
Хохаг хосдзаутæн бæрзыты къохы -
Мæхъитæ кæнæн, гьей!
Харитон бадзуры:
«Знаджы фидæрттæ не ’мбæхст минæтæй
Фæхъилтæ кæнæм, гъей!»
Дымгæйы змæлдæй айнæджы дуртæ
Коммæ куы згьæлынц, гьей!
Харитон бадзуры:
«Знаджы салдæттæ не ’ндон нæмгуытæй
Донмæ куы кæлынц, гьей!»
Райсомы æртæх нæууыл æрттивы
Арты цæхæрау, гъей!
Харитон бадзуры:
«Белорусы хъæд махæн куы разынд
Нарты ызгьæрау, гъей!»
Тыхджын зæй рацыд æмæ фæласта
Рагон фæлхæрдтæ, гъей!
Харитон бадзуры:
«Уæлахизимæ цæуæм нæхимæ
Уарзон хæлæрттæ, гьей!»
201 ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Кокайты Тотрадз
ДЗАТТИАТЫ ТОТЫРБЕДЖЫ ЗАРÆГ
Уæлхохы бæрзондæй æхсæрдзæн ныззары
Йæ уылæнты руаджы.
Дзаттиаты Тотырбег - зынгзæрдæ нæрæмон -
Кæд ахæм лæгтæй у нæ Ирыстон кадцжын.
Сыбайы рох дзуары дзæнгæрæджы азæлд
Фæдисы фæразæй.
Дзаттиаты Тотырбег - нæ ирон хæстон лæг -
Уæлахизæй рацыд дыууæ хæсты карзæй.
Уæларвон ыстъалы нæ Иры бæрзæндтæм
Йæ тынтæ фæрсыгъта.
Дзаттиаты Тотырбег - нæ дзыллæйы фыссæг
Къостайы ыстъалы йæ удæй ыссыгъта.
Зæрæхсиды цæхæр йæ фæлмæн æнгасæй
Бæрзонд хæхтыл батад.
Дзаттиаты Тотырбег кæд кад æмæ радæй
Нæ Ирыл ныббаста йæ зæрдæйы катай.
Дарчиты Дауыт
БАСИТЫ ЧАБÆХАНЫ ЗАРÆГ
Гъей, тох æрцыди, зæгъы, уæртæ Хърупсы быдырты, гъей!
Гъей, мæ сау туг фæкалди, лæсæнтæ кæны,
Немыцаг лæгмартимæ, ох, мæ бон!
Рухсаг æрбауай, Баситы Чабæхан, гъей!
Гъей, тох æрцыди, зæгъы, мæнæ дæ ныййарæг мад дæр,
Гъей, дæ фарсмæ куы лæууы, дæ фарсмæ лæууы,
Ой, дæ фарсмæ куы зæгъынц, ох, мæ бон!
Æдзардæй куы судзы Баситы Чабæхан, гъей!
202
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Гъей, тох æрцыд, зæгъы, ой, дæ хæстон æфсымæрæн, гъей,
Гъей, йæ судзгæ хъæдгæмттæ нæ байгас ысты,
Ой, йæ судзгæ хъæдгæмттæ, ох, мæ бон!
Æнусты цæрдзæнис нæ Иры дæ ном, гъей!
Гъей, тох æрцыди, зæгъы, уæлæ Хъæриуы хох срухс и, гъей,
Гъей, тох, дæ тæригъæдæй нæ зæхх ныхъхъæрзы,
Ой, дæ хур дыл ныгуылы, ох, мæ бон!
Рухсаг æрбауай, Баситы Чабæхан, гъей!
Гулчеты Епо
ÆГЪУЫЗАРТЫ ОЛЯЙЫ ЗАРÆГ
Ой, æмæ зæгъы Хæнæзы ныхасы,
Нæ буц хистæртæн уыд хицæн сæ бадæн.
Ой, æмæ зæгъы базарæм,
Ой, ой, сахъ чызг Æгъуызарты Оляйы кадæн!
Ой, æмæ загъта, райсомы æртæхæй
Колхозы рæгъау йæ дойны уæд саста.
Ой, уæззау цæф хæстонты судзгæ цæхæрæй
Ой, ой, сахъ чызг Оля уæнгдыхæй куы хаста!
Ой, æмæ загъта, зиууæтты уæд æфсин
Йæ зиууæттæн фæзы цæхæра æртыдта.
Ой, Æгъуызарты сæрæн чызг Оляйæн,
Ой, ой, Сырх Стъалыйы орден йæ риуыл æрттывта, гъей!
Ой, æмæ загъта, сæрыстыр сау сычъи -
Топдзæфæй суангыл дæлбылмæ фæтылдис,
Ой, Фыдыбæсты Стыр хæсты уæд Оляйæн,
Ой, ой, знаджы судзгæ зды йæ риуыл сæмбæлдис, гъей!
Ой, æмæ зæгъы Фæснæлы фыййæуттæ
Сæ их-халагъуд хус хъæмпæй бамбæрзтой,
Ой, Æгъуызарты Оляйыл уарзон æмгæрттæ,
Ой, ой, кад æмæ намысы зарæг сарæзтой, гъей!
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Кертанти Тæхир
МАХЪОТИ АЛИХАНИ ЗАР
Ой, ой, сæребари сæрвæлтау
Карз тохи бони, ой, мæ бон,
Æхсæрисæрæй сауæнгæ Берлинмæ,
Бæгъатæр Алихан, фашистти цагътай!
Ой, ой, сæребари сæрвæлтау,
Æфсæдти разæй, ой, мæ бон,
Æмпурсгæ цудтæ æвæлмæцгæ карзæй
Махъоти Алихан, дигорон лæхъуæн!
Ой, ой, сæребари сæрвæлтау
Æлгьист рейхстагбæл, ой, мæ бон,
Туруса федар ниссагътай дæхецæн,
Бæгъатæр Алихан, дигорон лæхъуæн!
Ой, ой, рохсаг æрбауай, рохсаг,
Нæ хъазар æмгарæ, ой, мæ бон,
Кæндзæнæ не ’мзар, цæрдзæнæ нæ зæрди,
Бæгъатæр Алихан, дигорон лæхъуæн!
Ситохаты Саламджери
ДЖИМИТЫ ПЕТЯЙЫ ЗАРÆГ
Гæналдоны фарсмæ нын Саниба куы ис!
Бæрзонд арвæй йæм зæрин хур æркасти, ой!
Ой, Германы сау хæстмæ Джимиты сахъ Петя
Æрыгон лæппуйæ уырдыгæй фæраст и, ой!
Хæстмæ цæугæйæ ма уый афтæ куы загьта:
«Сагьæстæ уæхимæ ма уадзут æмгæрон.
Ой, цæйут-ма, чызджытæ, фæндырæй æрцæгьдут,
Мæ уарзон хъæуы ма иу рог кафт æркæнон, ой!»
Йæ ныййарæг мад ын æфсæддон лæварæн
Урс-урсид къуымбилæй басылыхъ бауæфта.
204~~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Ой, фæлæ йæ нал бахъуыд, уæдмæ нын сахъ Петя
Йæ саулох æфсургьы танкæйæ раивта, ой!
Литвайы дард зæххыл Джимиты сæрæнгуырд
Ызнаджы фидæртæ æгьатырæй фæсаста.
Ой, фæлæ нын Кавказмæ, йæ уарзон хъæубæстæм,
Йæ майоры пъагæттæ куынæуал ысхаста, ой!
Йæ къухы нал бафтыд Берлинмæ ныббырсын.
Йæ бæллиц, мæгуырæг, кæронмæ нæ сæххæст.
Ой, ингæн ын ыскъахтой йæ хæстон æмбæлттæ.
0, рухсаг æрбауай, Джимиты цæхæрцæст, ой!
Цæгæраты Гиго
ГÆТÆГТЫ СОСЛÆНБЕДЖЫ ЗАРÆГ
Сæгуытты фæндаг Уазайы хохыл
Къахырмæ æрцыд.
Гæтæгты Сослæнбег
Сечеры хъæуæй хæстон скъоламæ
Ахуырмæ фæцыд.
Гæтæгты къæсæр уарзон адæмæн
Хи хæдзар ысси.
Бекиры уарзон фырт
Сæрæн Сослæнбег дохтыр уæвгæйæ
Инæлар ысси.
Æрæфы хъал дон къæдзæхты дуртæ
Бирæ фæласта.
Гæтæгты инæлар
Сæрæн Сослæнбег низы дзæмбытæй
Бирæты сласта.
Нæ Ирыстонæн æрдз бахай кодта
Бирæ хорз хæхтæ.
Гæтæгты инæлар
Сæрæн Сослæнбег йæ куысты райста
Бирæ хорзæхтæ.
V
205
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Дабоны хъæдгæс æрдузы кæрдæг
Хосæн фæкарста.
Гæтæгты инæлар
Сæрæн Сослæнбег дохтыры стыр ном
Хорзæй фæхаста.
Фæззыгон сау мигъ Гæтæгты кæртмæ
Ныллæг æрцыди.
Къостайы уæлмæрды
Сослæнбеджы мард ыстыр кадимæ
Ныгæд æрцыди.
Боситы Ирбег
ЗÆНДЖИАТЫ ВАЛОДЯЙЫ ЗАРÆГ
Хæтæлдоны сæрмæ мылазон сау мигътæ, гъей,
Мæстæлгъæд дымгæ сæ гæбазгай куы тоны, гъей!
Сырхбазыр цæргæстæ кæрæдзи халдихтæ,
Уæлдæфы хæстмæ сæ Валодя фæхоны, гъей!
Зæнджиаты Валодя - нæ Иры хъайтар фырт, гъей,
Нымайы фашистон хæдтæхджыты балы, гъей!
«Цæвут сæ, æмбæлттæ!» - куы ратты йæ бардзырд,
Йæхæдæг фыдгултыл ызды уæд ныккалы, гъей!
Гермайнаг сынтытыл тæхгæ арт æфтауы, гъей,
Знаджы хæстонты фæйнæрдæм фæхæссы, гъей!
Сырхбазыр хæдтæхæг уæд судзгæ куы ’рхауы,
Хатæлдойнаг чызг ыл ызгъалы йæ цæссыг, гъей!
Сау нæмыг ысуади нæ Иры хъайтарыл, гъей,
Сырхбазыр хæдтæхæг куы нал каст йæ коммæ, гъей!
Йæ уæззау хъæдгæмттæй йæ сахъ туг фæкалди,
Нæ фыдæлты зæххыл куы хуыссы дæлгоммæ, гъей!
206
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Адæмои ныхæстæ
ЕЛУАТЫ АЛЫКСАНДРЫ ЗАРÆГ
Ой, æмæ, ацы Куырттатæн сæ комы нарæг.
Ой, тох фæсивæд, Елуаты, ой, ныккæнæм
Елуаты Алыксандрæн йæ тохы зарæг ой, ой,
Йæ тохы зарæг, гъей!
Ой, æмæ, Æрджынарæджы цæуæнтæ ныккодтой.
Ой, тох, Алыксандр бадзуры:
«Ой, Германы хæсты æмæ тох, ой, ой,
Лæджы мæрдтæй хæцæнтæ ныккодтой, гъей!»
Ой, Гæналгомы сын хидауæзт нал ис.
Ой, тох, Алыксандр бадзуры:
«Ой, Германы хæсты, æмæ тох, ой, ой,
Гилдзауæрст нал и, гъей, ой, тох!»
Ой, æмæ, Балхъары бæсты сын Хъæрæсейы фæзтæ.
Ой, тох, Алыксандр бадзуры:
«Ой, ацы фашисттæн, æмæ тох, ой, ой,
Нæ ратдзыстæм Уæрæсейы бæстæ, гъей, ой тох!»
Чеджемты Æхсар
МОРГУАТЫ ХУЫСИНÆЙЫ ЗАРÆГ
Ацы хъазуат хæцæны,
Ой, тох, сау зæхх дæр риссы,
Сау зæхх дæр куы риссы, гъей!
Ой, тох, Хуысинæ, дам, афтæ бадзуры:
«Уый хъæбатыр Сырх æфсад знагæй йе стыр маст исы, гъей!»
Хур дæр арвы кæрæтты,
Кæсут-ма тугæй куы сахуырст,
Тугæй куы сахуырст, гъей!
Ой, тох, Хуысинæ, дам, бадзуры:
«Уый фыдызнаджы нæмыг мæ риуы судзгæ куы ахызт, гъей
207"
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Гъей, мæ дунейы рухс мыл,
Ой, тох дард зæххыл батар,
Дард зæххыл батар, гьей!»
Ой, тох, Хуысинæ, дам, афтæ бадзуры:
«Ой, мæ мадæн ма зæгьут, макуы, ме сæфты хабар, гъей!
Дардмæ дæр, мæ Ирыстон,
Ой, тох, дæ фæдзæхст хъуыстон,
Дæ фæдзæхст хъуыстон».
Ой, тох, Хуысинæ, дам, афтæ бадзуры:
«Æз нæ бæстæйы размæ мæ хæс кадджынæй фыстон, гьей!»
Гаджиты Геор
КИРОВЫХЪÆУЫ ХÆСТОН
ФÆСИВÆДЫ ЗАРÆГ
Нæ бæстæ куы сыстад Германы сау хæстмæ,
Нæ фæзтæ арт уагьтой, ой!
Кировы фæсивæд сæ уарзон хъæубæстæн
Хæрзбон дæр нæ загьтой, ой!
Цыдысты уæндонæй, цыдысты æд гæрзтæ
Карз тохы цæхæрмæ, ой!
Болатриу уыдысты, иу дæр дзы нæ хаста
Худинаг йæ сæрмæ, ой!
Карз тохы цæхæры фашистон лæгсырдты
Æгьатырæй састой, ой!
Сидзæрты дзыназын, сæ хоты цæссыгтæ
Ызнагæн нæ барстой, ой!
Ныр Кировы хъæуы уæларвмæ дзыназынц
Сæ афтид ингæнтæ, ой!
Сæ тохы зарæг сын æнкъардæй куы зарынц
Сæ уарзон кæстæртæ, ой!
208~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Къутæрты Додти
КЪОСТАЙЫХЪÆУККАГ ХÆСТОНТЫ ЗАРÆГ
Ой, тох, Уæлладжыры хæхтыл
Цæрæнуат æрцахстой
Фæззыгон цуанæттæ, гьей!
Ой, ой, нæ райгуырæн бæстыл
Цырен арт ысуагьтой
Фашистон цъаммартæ.
Ой, тох, Бехъаны даргь фæзтæ
Æмбисыл фæкæрдынц
Сыбайы хосдзаутæ, гьей!
Ой, тох, Германы сау хæстмæ
Фæдисы фæцæуынц
Къостайыхъæуккæгтæ.
Ой, тох, нæ ирон арф кæмттæй
Цæттæ чырæ ластой
Уыналы кæстæртæ, гьей!
Ой, тох, фашистон цъаммартæй
Сæ мæстытæ райстой
Къостайыхъæуккæгтæ.
Ой, тох, сæ тохы зарæг сын
Сæ цыртмæ æрхастой
Сæ хæстон æмбæлттæ, гъей!
Ой, тох, сæ номы сау цырт сын
Æнусмæ ныссагьтой
Сæ уарзон хъæубæстæ.
Ой, тох, куы ма федтаиккой
Сæ рыст ныййарджыты
Уæззау цæстысыгтæ, гьей!
Ой, тох, куынæуал фехъуыстой
Сæ уынгæг хъарджытыл
Сæ хъæуы кæуынтæ,
Ой, тох!
"209~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Кокайты Тотрадз.
ХЪОБАНЫ ХÆСТОН ФÆСИВÆДЫ ЗАРÆГ
Хъæурагьы бæрзондæй нæртон зарæг хъуысы, -
Йæ буц мыртæ айзæлынц дардыл.
Нæ фæтæн быдыртæй хъæздыг фæллой исæм
Æмзондæй нæ иумæйаг царды.
Ныр Саухохы бынмæ Уæйыгбарз Цæгаты
Талайæн хæрисхъæд фæзындис.
Нæ комы фæсивæд, хæсты быдырæй нæм
Æрвнæрдау фæдисхъæр фæцыдис.
Сæууон хуры тынтæ нæ кæсынц фыццагау
Рæвдаугæ зынгцæстæй уæлхохмæ.
Æмгæрттæ, ныууадзæм нæ зарын, нæ худын, -
Фæцæуæм сæрибары тохмæ.
Цæргæсы лæппын дæр уæлхохы цæргæйæ
Тыхдымгæ, тыхуадæн мæ сæтты.
Хъæбатыр æмгæрттæ, нæ фегад кæндзыстæм
Мах тохы нæ урссæр зæрæдты.
Хъайсыны къахырыл цæф сæгуыт ныууагъта
Йæ цардмондаг туджы пырхæнтæ.
Хъобаны фæсивæд нæ бæсты сæрвæлтау
Нывондæн æрхастой сæ сæртæ.
Нæ сæрибар кæмтты æхсæрдзæнты ныхас
Хæххон дымгæ ахæссы дардыл.
Нæ цардхъуаг фæсивæды зарæг ныккæнæм
Мах абон сæ тох æмæ кадыл.
210
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Козшпы Яков
ИРЫ ХÆСТОНТЫ ЗАРÆГ
Ой, æмæ,
Нæ Иры барджытæ сау комы нарæгыл
Фæдисы æрцæуынц, ой!
Ой, æмæ,
Фыдызнаг лæгмартæ æнамонд фæндагыл
Нæ бæстæм ыссæуынц, ой!
Ой, æмæ,
Мæздæджы хъæдгæсæн фæрвытæ кæнгæйæ
Йæ фæрæт афаз и, ой!
Ой, æмæ,
Гитлерæн фыр зыдæй нæ зæхмæ бырсгæйæ
Йæ бæрзæй асасти, ой!
Ой, æмæ,
Даргъ-Къохы кæстæртæ æфцæгыл куы карстой
Сæ судзгæ пысыра, ой!
Ой, æмæ,
Карз тохы хæстонтæ Берлины ныссагътой
Советон тырыса, ой!
Ой, æмæ,
Хурзæрин къалатæ сæ рухсмæ рауадзут,
Тар къохы чи фæмард, ой!
Ой, æмæ,
Сыгъзæрин талатæ сæ номыл ныссадзут,
Карз тохы чи фæмард, ой!
Уалыты Лаврент
ЗАРÆГ ЗЫНГХУЫСТ ФÆСИВÆДЫЛ
Нæ Иры фæсивæд, нæ хурдзаст кæстæртæ
Фыдызæххы охыл, гъей,
Хъæбатыр цæргæстау лæвæрдтой сæ сæртæ
Ызнагимæ тохы, гъей!
4г
211
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
О урссæр зæрæдтæ, ныккæнут-ма зарæг
Уæ зынгхуыст лæппутыл, гъей!
Нæ адæмы фыдæх тыгьдызæйау уарæд
Сæ марæг тæппудтыл, гьей!
Æгьгьæд у, ныййарæг, æгьгьæд кал дæ цæссыг
Дæ хургуырæн рустыл, гъей!
Бындзарæй нæ нынкъуыст, нæ ракалд дæ мæсыг,
Цæрдзæни æнусты, гьей!
0 урссæр зæрæдтæ, ныккæнут-ма зарæг
Уæ хъулон хъæбултыл, гьей!
Нæ адæмы фыдæх кæмдæриддæр арæд
Сæ марæг тæппудты, гъей,!
Хостыхъоты Зинæ
ИРЫСТОНЫ ФАРН
Мæ Ирыстон, дæ цины бонты
Райс дардæй, райс салам мæнæй,
Райс салам мæнæй.
Ирыстон та йæ хъарм хъæбысы
Кæны дæу абон дæр фæрнæй, гьей!
Нæ хъæздыг дзаг фынгæй та хъуысдзæн
Нæ буц хистæрты зарын ныр, гьей,
Хистæрты зарын ныр!
Куыстуарзаг къухты стыр сыкъаты
Кæндзæни бæгæны сыр-сыр, гьей!
Бæрæгбонхуызы фæлыст уыдзысты
Нæ райдзаст горæттæ, хъæутæ, гъей,
Горæттæ, хъæутæ!
Ирæй хъуысдзысты рæсугъдæй
Дæуæн дæ фæндыры зæлтæ, гьей!
Кæндзынæ та нæ кафæн фæзты,
Нæ фæсивæд, уæздан, кафт ды, гьей,
Уæздан кафт, гьей!
Мæн, куыд ирон лæппу, тæхуды,
Ныр демæ асимын фæнды, гьей!
212~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАД/ЕН
Козаты Яков
ТОХВÆЛЛАД ХИСТÆРТЫ ЗАРÆГ
Ой, æмæ,
Зыруджы фыййау нæм йæ фосы дзугтимæ
Нæ комы нарæгыл дæлæмæ æрхызтис, гъей!
Саузæрдæ фыдызнаг æнаккаг митимæ,
Туджы фæд уадзгæ, нæ бæстыл æртыхстис, гьей!
Ой, æмæ,
Уалдзыгон хур бон урс миты бынæй
Малусæг дидинтæ сæ сæртæ ысдарынц, гьей!
Сæ хæстон æмгæрттæн тохвæллад хистæртæ
Уæлахизы бон сæ рухс нæмттæ ссарынц, гьей!
Ой, æмæ,
Хъæбатыр хæстонтæ, бирæ нын фæцæрат,
Нæ хур ныл уæ фæрцы рæсугьдæй куы кæсы, гьей!
Намысы тырыса кадимæ фæхастат,
Фыдызнаг уæ койæ ныр дæр ма куы тæрсы, гьей!
Кокайты Тотрадз
ИРЫ ХÆСТОН ФÆСИВÆДЫ ЗАРÆГ
Охх æмæ хуры цæст не скаст фæсхохæй,
Сау мигьы тары ныгъуылы.
Сау калм æрбабыры сау цæнгæт хъоргьæй,
Тары дзыназы Ныгуылæн.
Охх æмæ Урс хæхтæ мадзура не сты,
Баризынц сау зæйы уындæй.
Æйтт-мардзæ, Иры лæппутæ, цы фестут?! -
Тохмæ фæцæуæм æмудæй.
Охх æмæ ацы лæгæвзарæн заман
Балæггад кæнæм нæ бæстæн.
Ленины растдзинад махæн - нæ хъама,
Не знаг ыстъæлфы йæ рæстæй.
213
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Охх æмæ чи ’рцæуы зиууæтты разæй,
Райсы уый арфæйы нуазæн.
Чи ма нæ раздæха сау хæсты карзæй,
Уый иу уæд дунейы уазæг.
Охх æмæ чи нал фæзына йæ къæсмæ -
Хæстæн мæлæт у йæ барæг -
Уыдоныл, Иры цæхæрцæст цæргæстæ,
Скæнут цæрæнбоны зарæг.
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
ЧИНЫДЖЫ ИС:
Кокайты Тотрадз. Æрдхæрæны кадæг - Уæлахизы кадæн 5
ÆМДЗÆВГÆТÆ
Абайты Бекызæ
Дæууæ цæсты 9
«Кæцæй мæм æрцыди уæлахизы ныфс?» 9
Арæнæй 10
Тагъд дæ фендзынæн 10
«Мæ рынчын зæрдæмæ...» 11
Абайты Виктор
Арв ныннæрыд 11
Хурмæ 13
Абайты Петр
Æмбалы мæлæтыл 14
Ардасенты Хадзыбатыр
Нана 14
Асаты Реуаз
Бæрзбæласы цæссыгтæ 17
Зарæг мæ хæстон дивизийыл 19
Æлборты Хъазмæхæмæш
Сидт 20
Балаты Тембол
Цæй, фест рæвдздæр! 20
Мæ райгуырæн бæстæн 21
Хъæбулы ард 22
Ам хæст цыди 23
Баситы Дзаххотт
«Кæд не ссардтон дæ уарзон кастмæ ...» 24
Тæхуды 24
Балц 25
Баситы Дзамболат
Ныннæр, мæ хур, мæ фæндыр 25
Æ
215
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Зымæгон фæндаг 26
Нæ зарæг 27
Хæрзбон 27
Ныфс 28
«Хъæу... Фæздæджы зилдухæнтæ...» 29
Дидинæгмæ 29
Æнæфыст цырт 30
Адæмы маст 30
Билаонти Барис
Фыццæгæм май 32
Боциты Барон
Ирыстонмæ 33
Бæгъиаты Ладемыр
Æфсадмæ 35
Бæззаты Кавказ
Мæ лирæ 35
Бæройты Дауырбег
Цæргæстæ 36
Бекъойты Амыран
«Æвзист цæлхыдзагæй цъæх арвыл ...» 36
Бесаты Амырхан
Фæззыгон изæр 37
Хæстоны зарæг 38
Бузойти Кермен
Талинги 38
Гафез
Æз уарзын 39
Колхозон чызгмæ 40
Дыууæ бæрзы 41
Зæрдæ мысы 42
Цырыхъытæ 43
«Æз уарзтон дæу, сыгьдæг уарзтæй дæ уарзтон...» 43
«Цæвын, бырсын... Мæ кард тæмæнтæ калы ...» 44
Гæлуаты Аким
Хæсты быдырæй 44
«Арвы цъæх риуæй милуан тынтæ стъалы ...» 46
Гулуты Андрей
«Хур абон фæллад у, йæ фæззыгон тынтæ ...» 46
«Æрæнкъард нæ бæстæ. Йæ митын пæлæзæй...» 47
«Нæ парти, Сырх Æфсад, нæ хурæмдых адæм!..» 47
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Гутонаты Зауырбег
Хъама 48
Хæстон фæндагыл 49
Гцытьиаты Мамытджери
Хурыскаст 50
Дарчиты Дауыт
Уыдтон æй мæ фарсмæ 51
Уый федтон æз 51
Салдатæн 52
Мацы мын зæгь 52
Фæлæ йын зындзинæдты басæттæн нæй 53
Датиты Дзантемыр
Мæ райгуырæн бæстæйæн 54
Дегъуаты Андрей
Уæрæх бæстæ 54
Джелыты Хазби
«Тындзгæ, мæ зæрдæ, рухс бон агур ...» 55
Джиоты Грис
Дидинæг 55
«Цæй, сыстут, нæ фæсивæд, сыстут ...» 56
Джусойты Нафи
Фыдызæххы уайдзæф 56
Гыццимæ 57
«Мæ уарзон райгуырæн хæдзар ...» 58
«Гыцци, фыссыс, æвзæр фынтæ фæуыныс...» 59
«Æртæ хатты мæ пъисыртæ ныгæдтой ...» 59
«Зарыс мын фæлмæн зарæг «Бæз хæрис ...» 60
Дзадзити Хусин
«Деденæг куд хонуй æхемæ...» 60
Размæ, æмгæрттæ! 60
Дзæхаты Темырхъан
Хосгæрдæг 62
Дзугаты Георги
Сидт 63
Æрцыди та уалдзæг 63
«Дард у мæ акъопп мæ Ирмæ...» 64
Фæдзæхст 65
Хæцæны 66
Цæссыг 66
Фыстæг 67
~ 217
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Дзуццаты Æхсарбег
Æмбисæхсæв 68
Елехьоты Мурат
Райсом (Ходы Камалы тæлмац) 68
Нæ дыргъдон (Ходы Камалы тæлмац) 69
Фæуæлахиз уыдзыстæм (Хъодзаты Æхсары тæлмац).... 69
«Хæссы та нæ уынгты фæлдзæгъдæн...»
(Ходы Камалы тæлмац) 70
Фыстæг хæсты быдырæй (Хъодзаты Æхсары тæлмац)... 70
Епхиты Тæтæри
Мады зарæг 71
0, мæ Ирыстон 72
Калоты Къола
Мæ бæстæ 73
Калоты Хазби
Фæстаг салам 73
«Дæ уæнгты ’нæкæрон ныфсуа...» 74
«Æхсæв дæ дзыккутау куы ’рхауы...» 76
«Æз мæ цард нæ нымайын æвгъауыл...» 76
Кард 77
«Ды дзырдтай: нæма уыдтæн Кавказы...» 77
«Ыстыр хæстæй æрцæугæйæ...» 78
«Тымыгъ даргъ уынгты хæты...» 79
«Куы сæтты тымыгъ даргъ бæлæсты...» 79
«Бон нæма фæзынд сæууон æртæхы...» 80
«Митыл мæйы æртхутджытæ хъазынц...» 81
Кокайты Алыксаидр
Цæлыкк 81
Кочысаты Мухарбег
Хъæмæ 82
Хъама 84
Адæмы маст 85
Цæй, хæрзбон, мæ уарзон 86
Фыдыбæстæ 87
Фæстаг салам 88
Мæ фæдзæхст 89
Фыстæг мæ мадмæ 89
Кучиты Владимир
Хæстон дзырдта 90
Фæдзæхст 93
218~~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Мамсыраты Дæбе
Балладæ хъæбатырыл 94
Сусхъæд бæлас 96
Мæргъиты Кьоста
Мæскуы 98
Зымæгон райсом 99
Фын 99
Уырыссаг чызгмæ 101
Мæргъиты Ясон
Æрсидтонтæм 101
Мыртазты Барис
«Уайых æрбауай, мæ фæндыр!..» 102
Ма тæрс 102
Мæ цæфтæ 103
Ды цæрайæ 103
Мæ зæрдæдарæн 104
Наииты Васо
Мæ мадмæ 104
Мæ лымæнмæ 106
Уæйгуыты æфсад 106
Нигер
Хойы ныстуан 107
Германы хæсты зарæг 108
Мæлæг æфсæддоны фæдзæхст 108
Хæсты быдырæй 112
Плиты Харитон
Ма кæн хъыг! 114
Ныр цы уромы хæстоны! 115
Сидзæр саби 115
Дидинджытæ 116
Дыууæ цæссыджы 117
Фæмысын æз 118
Плиты Грис
Цом, фæцæуæм 118
Хæцæны 119
Разысгæрсты 122
Тыхсты сахат 124
Плиты Зауыр
«Дымгæ сау мигъты фæтæры...» 125
«Гъей, æрттив, ыстъалы...» 125
«Уайсадæг чындзау та дымгæ...» 126
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Саукуйти Хасан
Уарзондзийнадæ 126
Саулохты Мухтар
Хæстоны цуан 127
Таболты Хадзымырзæ
Цин 129
Ард 130
Тауитти Дзегут
Фыццаг ныхас 131
Тетцойти Таймураз
«Мæ цæргæбæнтти зæрдинцойнæ ...» 131
Дæумæ 132
«Цума тугьд æппун некæд адтæй...» 133
Фæххецæн 133
Мæ мадæмæ 134
Тохты Иван
Мæ зæрдæйы уаг 135
Суадон 136
«Алчидæр бæрæг вæййы цæмæйдæр...» 136
Тыджыты Ефим
Æфсæддон 138
Тьехты Барис
Кавказмæ 138
Хæмыцаты Георги
Сырх Æфсадæн 139
Бадтæн рындзыл 139
Ходты Хазби
Цæвæм 140
«Уым сæфынæй нæу тас лæгæн...» 140
Хуыгаты Геор
Чызг æмæ лæппуйы зарæг 140
Хьаныхъуаты Майрæм
Кафæм иумæ 142
Дидинæг 142
Сидтоны цин 143
Хьазбегти Хьазбег
Ох, Æна! 144
Ку ’рбадардта хор æ тунтæ 144
«Зæрдæ, æнцад!..» 145
Финстæг Лидæмæ 146
«Æй æхсæвæ, æй мæдар...» 147
" 22(Г~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Некæд иронх кæнун дæу 147
Зарæ мæлгъæ! 148
Хъайтыхъты Геор
Куы фæуа хæст 148
Хæцæнæй 150
Хъайтыхъты Азæмæт
Хуыцау, рæствæндагыл мæ бафтау 152
У ахæм мæ хæс 152
Хъараты Ибрагим
«Зæрдæ байдзагуарзтæй...» 153
«Ысуыдзынæн саумæр...» 153
Цæгæраты Максим
Ныннæр æрвнæрæгау 154
Хъазуаты размæ 155
Мигьы цъупп 156
Æцæгæлон бæсты 157
Цæуы ма хæст 157
Чызджы сагьæс 158
Цæгæраты Гиго
Æрмæстдæр размæ! 159
Айс мæ салам, Ирыстон! 160
Салют 160
Федтон æз мæхи цæстытæй 161
Хæстон дохтыр 161
Мæ райгуырæн 162
Цæрукъаты Алыксандр
Æрфынæй у 162
Цомартаты Батыр
Байрай , Ирыстон 163
Цоциты Герсан
Гъей-джиди 164
Фырт йæ мадæн 164
Цырыхаты Михал
«Цæуы ныртæккæ хæст цытджын...» 166
Æфцæгыл 167
Афонмæ 167
Æз æрцæудзынæн 168
Авдæны зарæг 169
«Дысон тæрккъæвда бæлæсты хилтæ...» 170
«Изæр ... Нæ быдыр цинæй ризы...» 170
221
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Чехойты Сæрæби
«Ехх, мæбæх, дæумæта дзурын...» 172
«Ма тæрс ды карз хæсты артæй...» 172
«Уартæ рагъмæ хур æрхæстæг...» 173
«Мæн фыссын фæфæнды...» 173
«Сабыр цард куы ’рцæу...» 173
«Æрхаудта, ме ’мбал, мæнæ...» 174
« Кæугæ-иу ма кæн, сау хабар куы райсай...» 174
Чызгайы зарæг 175
«Цард лæвар кæмæн у рагæй...» 175
«Æз мæ сау туг абон дæр ма калин...» 176
ТОХЫ ЗАРДЖЫТÆ
Лдæмон иыхæстæ. Комфæсивæды зарæг 178
Асаты Реуаз. Плиты Иссæйы зарæг 178
Дзасохты Музафер. Мамсыраты Хаджумары зарæг 179
Кокайты Тотрадз. Номдзыд балхоны зарæг 180
Адæмон ныхæстæ. Цæлыккаты Хъантемыры зарæг 180
Гуырдзибети Барис. Къесати Астаны зарæг 182
Гаджиты Георги. Хетæгкаты Габойы зарæг 183
Джиоты Хазби. Остъаты Алыксийы зарæг 183
Моргуаты Эльбрус. Дойаты Давиды зарæг 184
Адæмон ныхæстæ. Æхсараты Энверы зарæг 185
Адæмон ныхæстæ. Тогъуызты Хъауырбеджы зарæг 185
Дзасохты Музафер. Гагкайты Алиханы зарæг 186
Цæгæраты Гиго. Дзусаты Ибрагимы зарæг 187
Кокайты Тотрадз. Сланты Лентъойы зарæг 187
Гаджиты Георги. Къалаты Сергейы зарæг 188
Кокайты Тотрадз. Кокайты Саламджерийы зарæг 189
Гулчеты Епо. Дзотти Лазæри зарæг 190
Икъаты Владимир. Гæздæнты æфсымæрты зарæг 190
Кокайты Тотрадз. Зарæг авд зырнæгыл 192
Гулчеты Ено. Бицати æхсæз æнсувæри зар 193
Адæмон ныхæстæ. Хъалæгаты Тæтæрийы фондз фырты зарæг ..194
Кокайты Тотрадз. Тахохты Пæпейы фондз фырты зарæг ... 195
Адæмои иыхæстæ. Бæройты фондз æфсымæры зарæг 195
Цæгæраты Гиго. Габысты æфсымæрты зарæг 196
Гаджиты Георги. Биасты фондз æфсымæры зарæг 197
Кокайты Тотрадз. Бирæгъты фондз æфсымæры зарæг 197
Адæмои ныхæстæ. Дзугаты цыппар æфсымæры зарæг 198
222" ~
ÆРДХÆРÆНЫ КАДÆГ - УÆЛАХИЗЫ КАДÆН
Æндиаты Мæхæмæт. Сæлбиты Верæйы зарæг 199
Кертанти Тæхир. Хъарати Мæхæмæти зар 200
Гулчеты Епо. Зарæг Кцойты Петырыл 200
Цæгæраты Гиго. Хæтæгты Харитоны зарæг 201
Кокайты Тотрадз. Дзаттиаты Тотырбеджы зарæг 202
Дарчиты Дауыт. Баситы Чабæханы зарæг 202
Гулчеты Епо. Æгъуызарты Оляйы зарæг 203
Кертанти Тæхир. Махъоти Алихани зарæг 204
Сшпохаты Саламджери. Джимиты Петяйы зарæг 204
Цæгæраты Гиго. Гæтæгты Сослæнбеджы зарæг 205
Боситы Ирбег. Зæнджиаты Валодяйы зарæг 206
Адæмон иыхæстæ. Елуаты Алыксандры зарæг 207
Чеджемты Æхсар. Моргуаты Хусинæйы зарæг 207
Гаджиты Геор. Кировыхъæуы хæстон фæсивæды зарæг 208
Къутæрты Додти. Къостайыхъæуккаг хæстонты зарæг 209
Кокайты Тотрадз. Хъобаны хæстон фæсивæды зарæг 210
Козаты Яков. Иры хæстонты зарæг 211
Уалыты Лавреит. Зарæг зынгхуыст фæсивæдыл 211
Хостыхьоты Зинæ. Ирыстоны фарн 212
Козаты Яков. Тохвæллад хистæрты зарæг 213
Кокайты Тотрадз. Иры хæстон фæсивæды зарæг 213
Литературно-художественное издание
Составителъ
КОКАЙТЫ
ТОТРАЗ АВРАМОВИЧ
ПЕСНЬ СЛАВЫ ВО СЛАВУ ПОБЕДЫ
Стихи осетинских поэтов
1941 - 1945
4$
Редактор Т.А. Кокайты
Дизайн Н.Ф. Василенко
Корректор З.Р. Токаева
Компъютерное обеспечение А.Ю. Габуев
Подписано в печать 09.04.2020. Формат бумаги 60х90'/16.
Печать офсетная. Уч.-изд. л. 17,0. Тираж 300 экз. Заказ №81.
ООО «Проект-Пресс», §ко21геуа@§таП.сот
Отпечатано в типографии ООО «Медиа-Полис»,
344038, г. Ростов-на-Дону, пр. М. Нагибина, 14а