Text
                    ктлбысты
зауыр
флсжлг
? Фаигастикон
'5. РОМАН
РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН:
ЦХИНВАЛ 1977


КЪÆБЫСТЫ ЗАУЫР «Фæстаг маймули».. Роман. Цхинвал. Рауагъдад «Ирыстон». 1977 аз. 248 ф. Роман «Фæстаг маймулн» у авторы иууыл гуырахстджындæр уацмыс. Уый чиныгкæсджыты раз фыццаг хатт ралæууыд рома- нимæ. Уымæй дæр ацы романы жанр (ома фантастикæ) нæ ирон литературæйы нырма зæрæстон зæххы æпгæс у. Чысыл цыдæртæи дарддæр нæм дзы фыст ницыма ис. Уымæ гæсгæ нæ литературæ- йы уыдзæн фыццаг зæрватыкк, уый та йæ фæдыл æрхоны цъæх уалдзæджы. Роман «Фæстаг маймули» æхсызгонæй бакæсдзысты куыд æв- зонг фæлтæр, афтæ хистæр кар чиныгкæсджытæ дæр. Хорз уаид, сæ хъуыдытæ нæм куы ’рбарвитиккой рауагъдад «Ирыстонмæ», романы мпдис æмæ чиныджы грæзты тыххæй. к 70303~34 34-77 14 (М — 623) —77 Рауагъдад «Ирыстон», 1977. М — 623
А В Т 0 Р Æ Й Фантастикæ, куыд литературон жанр, афтæ æрæджы пæ фæ- зынд, — дунейы стыр адæмтæ рагæй æрæгмæ ныффыстой ацы жа- нрыл бирæ цымыдисон уацмыстæ. Уыдон, бæрæг куыд у, афтæмæй стыр ахъаз фесты зонад æмæ техникæйы рæзтæн. Мæн дæр йæхимæ рагæй здæхта фантастикæ, фæлæ йæм мæ ныфс нæ хастон. Уы- мæн æмæ уый фыссæгæй домы бирæ зонын (ома царды алы фар- сонæй), гъе, стæй техникон фарстытæ дæр раст лыг кæнын. Ахæм стыр бæрндзинад æнкъаргæнæ амæйразмæ ныффыстон цалдæр, фантастикон гакк кæуыл ис, ахæм радзырды, се ’ппæ- тимæ чиныгкæсæг зонгæ нæма у. Уыдонæй апвадон æгъдауæн, мæ хъуыдымæ гæсгæ, иууыл æххæстдæрыл нымайын: «Фæндопы бæс- тæпы», «Хъамайы таурæгъ», «Хуыцауы фæстаг мииæвар» æмæ æндæртæ. О, фæлæ мæ уæддæр зæгъын цы фæндыд, уын мæ къу- хы æххæстæй нæ бафтыд æмæ сфæнд кодтои чысыл гуырахст- джындæр уацмыс ныффыссын. Схуыдтон æй «Фæстаг маймули-». Уый размæ дæр, гъе, стæй ацы уацмыс ныффыссыпы агъоммæ би- рæ фантастикон уацмыстæ бакастæн, фæлæ мыл се ’гасæй тынг- дæр бандæвта францаг фантаст Пьер Булы роман «Маймулиты. планетæ». Ацы роман мыл афтæ тынг бандæвта, æмæ, æгæрыстæ- мæй, мæ чиныджы иуæй-иу бынæттæ рауадысты, Пьер Булмæ куыд у, уын æнгæс. Фæлæ уыдон сæйраг не сты уацмысы æмæ уымæ гæсгæ сæ аиуварс кæиыныл тынг нæ бацархайдтон. Æрмæст 3
францаг фыссæг йæ разы цы хæс æрæвæрдта, уый мæнæн мæ фгс- соиæрхæджы дæ]) нæ уыд. Уый уымæн афтæ у æмæ Пьер Буль капиталистоп æхсæнады цæргæпæ йæ уацмысы равдыста, уыцы æхсæнад æмткæй адæйма- джы зонд, йæ хъуыдыкæнынад къуымых кæп кæпы, уып. Уым (уыцы æхсæпады) адæм æппæтдæр æххæст кодтой роботтау, мс- ханикоп æгъдауæй. Уып хыгъд маймулиты цæст, цыма, уынагдæр сси, сæ алыварс цы цæуы, уымæ лæмбынæгдæр райдыдтой кæсын, адæм та уымæ, сæ фырзивæгæй, сæ хъус пал дардтой æмæ снсты, хъæддаг сырдау, къуымыхзонд, æнæрхъуыды. Пьер Буль йæ романы фæдзæхсы адæмы: зонад æмæ уын тех- лнкæ уæ зоидахастыл хъуамæ æвзæрырдæм ма ’ндавой, хъуамæ уын уæ зонындзинæдтæ ма къуындæг кæной. Мæнæп æндæр хæс уыд мæ разы. Æз соцналнстон æхсæнады, /цæрыи, уым та зонад æмæ техникæ адæймаджы зонд къуымых нæ, фæлæ йын нæ къух рог кæиыпц. Не ’хсæнады техникæйы рæз- тимæ адзгймаг, ахуыргопд уа æви хуымæтæджы кусæг, пæхæдæг дæр рæзы, фылдæр кæпы йæ хъуыдыкæнынад. Æипæт уыдæттæ хынцгæиæ мæн æндæр хъуыддаг æндæвта, æндæр æнкъарæнтæ мæ баразæнгард кодтон. Æмæ уый та у, адæймагадæн хæст ца- вæр стыр зийæнттæ хæссы, уын равдисын, æмæ йæ ныхмæ мæ протест зæгъын. Хæсты азар стыр у. Фыдыбæстæйон хæсты рæс- тæджы æз къаннæг лæппу уыдтæн. Мæ зæрдæйæ абон дæр иæма рафтыдысты, хæстæй нæ хъæумæ цы уæззау хабæрттæ хъуыстыс- ты, æппæт уыдон. Уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæмæ арф айстон ну ,хабар. Адæймагадæн зæххыл иууыл стырдæр æнамонддзпиад æр- хæссы хæст. Ныр, ацы чиныг фысгæпæ, мæ хъуыдыны ных сарæз- тон уыцы хъуыддагмæ. Æмæ мын цас баитыст, уый чиныгкæсæг йæхæдæг фендзæн, фæлæ мæ уæддæр зæгъын фæнды: нæ фыдæл- тæ хъаймæт кæй хуыдтой, уый кæд искуы æрцæуа, уæддæр хæсты чазарæй. Уымæ гæсгæ алы æмбæстаджы хæс дæр у, цæмæй йæ ты\, йæ хъару цас амонынц, уымæп тох кæиа хæст мауал æруадзыпыл. -4
П Р 0 Л О Г Редактор мæм телефонæй æрбадзырдта: «Барон ныр æртыккаг бои куысты нæй. Куы йæ абæрæг кæпис йæ хæдзары». Редакторы ахæм хъуыды хуымæтæджы пæ уыд.. Барои — æгъдауыл фидар хæст лæппу, — æртæ боны* куыстмæ ма фæзына, бынтон ницы фехъусынгæнгæйæ,. уый æцæг фæдисаг хъуыддаг у. Куысты рæстæджы-иу тамако æлхæнынмæ куы цыд хæстæг магазинмæ, уæд- дæр искæмæц æ’иæафæдзæхсгæ ппкуы фæцис. Æмæ пыр æвиппайды — æртæ боны!.. Уый æнæмæнг ахъуы- дыйаг-хабар у. Кæйдæр’ты ’ххуысæй ссардтон Бароны хæдзар. Ныллæг, шиферæй æмбæрзт бæстыхай. Цæхæрадоны балбæлæстæ сæ тæккæ рæгъæд кæпыныл сты. Сæ цæнгтæ пæ уромыпц. Кулдуар бахостон. Ницы уынæр хъуысы. Йæ сæр- ты ныккастæн. Уайтагъд ын базыдтон йæ бакæнæп. Фыццаг мæ цæст цæуыл андæгъд,.уый уыд дуары сæр- мæ егъау дамгъæтæй фыст гæххæтт. Фыст дзы уыд: '<Ацы хъусипаг чи бакæса, уый дуар бакæнæд (æхгæд нæу). Фыссæп стъолыл ис æхгæд копверт. Кæд зивæг кæна, уæддæр æй мæ хатырæй, адæймаджы хатырæй 5
нæ газеты редактормæ фæхæццæ кæнæд. Конверты бын цы фондз сомы ис, уый та у ацы пост ахæссæджы куыстмызд. Барон». Редактор нæ фæскуыст стыр дисимæ æрымбырд кодга æмæ нын хъæрæй бакаст Бароны фыстæг... ИОГ СЫХАГ Мæ иунæджы царды бонтæ тонын редакцийы уац- хæсджыты фыстæдоюытыл кусгæйæ æмæ мæ цæхæра- доны балты бын чингуытæ кæсгæйæ. Сыхагæй дуне- скæнæг мæ зæрдæхудт нæ райста. Кæд иу у, уæддæр бирæйы аргъ у. Æмæ йын мæ доны къусæй дæр уымæн фæкувын. Куыд æнхъæл дæ? Ома йын куыд хъуамæ кувин? «Хуыцау, кæд дæм лæджы куывд хъуысы, уæд мæ Бигуыз-сыхагæй сиртас». 0, афтæ фæкувыи. Афтæ мачи æнхъæлæд, ома ницы рауадис мæ куыв- тытæй: иу хуыцаубоны мæм Бигуыз кауы сæрты æрба- хъæр кодта: «Гъей, мæ сыгъзæрин сыхаг, кæд тынг æнæвдæлон дæ, уæддæр мæм хъуамæ чысыл æрбауайай». Мæ зæрдæ бамæгуыр. «Цымæ та цы хуызы æппæл- дзысты мад æмæ фыд сæ цыппар чызгæй? — дзурын мæхииымæры. — Цымæ та куыд зилæнтæ кæндзысты цыппар чызджы мæ алыварс?» Мад æмæ фыдæн уæл- дай нæу. Æрмæст сæ сиахс бауон, уый йедтæмæ чыз- джытæй кæй фæнды ракурон. Чызджытæ уыцы хъуыд- дагыл нæ фидауынц. Алкæй дæр сæ фæиды, мæ зæрдæ- мæ раздæр куы фæцæуид, уый. Гъе, æмæ дзы алчи дæр йæхи стауыиыл куы схæцы, уæд акæс æмæ ды уы- донмæ. Загъдмæ дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ ахæццæ сæ хъаугъа. 6
Æмæ сæм ма бацу, зæгъгæ, уæддæр цы? Фæлæ Би- гуыз иугæр иу хъæр æрбакодта, уæд сæ миныл дæр нæ бауромдзæн, цалынмæ йæ куырдиатыл сразы уон, уæдмæ. Ацы хатт мæ тас дзæгъæлы рауад. Бигуызы сæ кæрты лæугæ баййæфтон иу лыстæг даргъ лæгимæ. Ра- гæй æнæдаст кæй уыд, уый тыххæй йæ кар зын раха- тæн уыд, фæлæ йын æз дæс æмæ ссæдз азы саккаг код- тон. Иæ фадыварц ницы уадиссаг цæстыахадгæ уыд. Дæрдджын бур пæлæзы æгънæджытæ суанг хъуырмæ æнгом æфтыд уыдысты æмæ афтæ зынд, цыма голла- джы æвæрд у. Пæлæзы бынæй зындысты уæрæх хæла- фы ихсыд фадгуытæ. Афтæ даргъ уыдысты æмæ кæт- таг дзабыртæн сæ бырынчъытæ, къухы ныхтау, зынды- сты. Яæ сæрыл даргъ кепкæджын худ суанг къæбутмæ æрбырыд. «Базонгæ у, мæ хæлар, чи зоны ацы джентлмен дæ сыхаг бауа», — загъта мын Бигуыз, йæхæдæг йæ кæ- рæф цæстытæй дæлæмæ-уæлæмæ бары æнæзонгæ лæ- джы. Æз æнхъæл уыдтæн, зæгъын Бигуызы былыс- чъил ныхас æм уайдзæфау фæкæсдзæн, фæлæ йæ уый æрдумæ дæр, цыма, ие ’рдардта. Мæ къух мын райста. Йæ ном мын загъта, стæй Быгуызæрдæм азылд. «Ацы лæгæн йæ кувæндон балхæнын мæ зæрды ис, фæлæ æгæр зындзырд у»—Лæдоюы ныхасы уаджы кæд иунæг хынджылæгæнгæс зæл дæр нæ уыд, уæддæр Би- гуызæи йæ былтæ ракъуырдау уыд æмæ спыхс. «Ам дæ хынджылæггаг ничи у. Кæд дæ нæ хъæуы, уæд гъæй кæн. Æниу ды цæй хæдзар балхæндзынæ? Деддæ цъиутæ тæрсынгæнæн быдыргъыйы хуызæн куы дæ». Ацы хатт æлхæнæг кæй не смæсты уыдзæн æмæ 7
хыл кæй нæ самайдзæи, ууыл ницæй тыххæй баууæп- дыдаин, фæлæ уый, цыма йыл бындз дæр нæ абадт, уыйау раздæхт ме ’рдæм æмæ мæ бафарста уыцы иу- гъæдон хъæлæсы уагæй. «Дæумæ гæсгæ цасы аргъ у?» Æз цыма фыццаг хатт уынын Бигуызы хæдзар, уыйау æм скæстытæ кодтон. Æцæг кувæндоны хуызæн кæй у, уый ныры хуызæн никуы фæхатыдтон. Цыппар- тигъон иарæг хæдзар бæрзоыд фæцыд. Йæ гыццыл фæрссæгты æвгтæ, китайаджы цæстытау, дæргъæц- цонæй зынынц. Кæддæр кувæндон ма уыдаид, зæгъгæ, уый зыи зæгъæн у. Уæдæ горæты кæрои дард быдыры иунæгæй цæрынмæ чи бабæллыдаид. (Мах цалдæрæй нырма ног æрцæуджытæ стæм). Бигуызæн дæр æй иу цавæрдæр æнæзонгæ лæг революцийы рæстæдохы ни- цæйаг аргъыл радта. Ныр æндæр ран балхæдта Бигуыз хæдзар æмæ адон уæй кæиы. Куы бафидауиккой, уый мæ тынг зæрдиагæй фæндыд. Афтæ фидарæй мæ къух кæуыл систон (ус ракурыиыл), уый кой алыбон нал хъусии, фæлæ цы зæгъон? мæхи бакъултæ кодтон. Дзырд дардыл у, фæлæ бафидыдтой. Æлхæнæг ма, йæ дзыапæй æхца исгæйæ, иæ фæстаг дзырд загъта: «Тæккæ абон æй равдæлон кæн. Мæ дзаума станцы сты. Хъуамæ сæ æрбаласон...» Дзаума йæм бæсуы нæ разынд: Дыууæ уæзласæн машннæйы дзаг æфсæннаг æмæ хъæдын асыччытæ. Бирæ дзы ахæм уæззау уыд æмæ йæ фæндзгай лæгтæй зынæй змæлын кодтам. Мæ ног сыхаг... Уæвгæй йæ номæй йæ цæуылнæ хъуамæ хоиои нырæй фæстæмæ. Æцæг мæнæ-мæнæ б\æлиццаг ном дæр ын ницы ис, фæлæ ном фæстæмæ фæкæсынæй фылдæр цæмæн у? 8
Уæдæ афтæ, Заза мæлæты æнæхъыгдард сыхаг ра- зынд. Йæ хæдзарæй хæрз стæм хатт райхъуысы цавæр- дæр æнахуыр гыбар-гыбур, цыма дзы хъомысджын тæрхытæ скусынц. Уымæй дарддæр йæхи ницæмæй ба- зонын кæны. Мæ хуызæн, иунæджы цардыл, зæронд хæдонау. чи фæиайдагъ, уый ахæм сабыр сыхагмæ фæбæллы, æмæ мæнæн дæр мæ хъул атылд... Иу хатт мьыл цы стыр дис бафтыдта, уый мæ гæрды никæмæн зæгъын уыд, фæлæ йæхи загъдау, мах, он:ур- налисттæ исты сусæгдзинад бауромынмæ лæмæгъ стæм; цалынмæ йæ гæххæтты хай фæкæнæм, увгдмæ нæ къухтæ дæр æмæ не ’взæжæ дæр хъыдзы фæкæ- нынц. Рагуалдзæджы боныгъæд мæллæг удæй хъаудлсы иæу фæлтæр кæнынмæ: куы фыртæвд, куы фыруазал. Æрдæг æхсæвмæ хæстæг хъуынджын, хуылыдз ми- гътæ нымбæрзтой арв. Дымгæ митхæццæ зæгъы уæз- зау æртæхты фæрссæгтыл хойы. Бонæрдæм уарын бан- цад, фæлæ уый хыгъд дымгæ фæтыигдæр. Хуыцаубон уыд æмæ сыитæгæй рахизыныл ницы тагъд кодтон. Куы сыстадтæн, уæддæр мæхи хъарм сфæлыстон, аф- тæмæй рацыдтæн дуармæ. Зазай’ы кæртæрдæм арæх фæкæсаг нæ дæн, фæлæ тыхдымгæйы бæласы къæс- къæс кæй æрбайхъуыст, уый мæ фæцыбæл кодта. Фæ- кастæи æмæ мæ цæстытыл нал баууæндыддæн. Заза бæласы бын фæхсбандоныл бады мадыард бæгънæ- гæй æмæ цыдæр чиныг зæрдиагæй кæсы. Æз зымæгон дзаумæтты зынæй кæй уромын, уыцы уазалы уый бады бæгънæгæй. «Зондцух», — ныллыг кодтон мæхинымæры æмæ йæ ныууагътон. Æиæуый дæр мæ. уазал басырдта хæдзармæ... Къаддæр диссаг нæ уыд, дыккаг хуыцаубоны йæ цы хуызы федтон, уый. 9
Уæлдæр куы загътон, зæгъын рагуалдзæджы боны- еъæд фæлтæргæнаг у. Хуры тынтæй мæм фæрссагæй сынтæгмæ цы фæлгуыр æрбахауд, уыдонæй дæр бæрæг уыд тæвд бон кæй уыдзæнис, уый. Хæдзарæй рацæугæйæ мæ ныр Зазайы кæртæрдæм фæкæсынæн исты уынæры сæр ницæмæи уал хъуыд. Алы хатт дæр цæстытæ, ме ’вастæй, йæ кæрты сæхи фæсадзынц. Ныр дæр та хъавгæ бакастæн, зæгъын бæгънæгæй та куы бада, уæд æй ма фефсæрмы кæнон. Цæй бæгънæг æмæ цæй цыдæр? Зæгъгæ йын йæ цурк- æлвыд зачъемæ бæстон нæ бакастæн, уæд æй ницæй тыххæй фенхъæлдтаин Заза. Уыцы бæрзонд лæгæн йæ дæргъ æмæ йæ уæрх иу фестадысты. Цыдæриддæр бызгъуыр ссардта, иууылдæр сæ йæ уæлæ стыхта. Æд- дейæ сыл иу бур пæлæз æртъыста. Дыууæ раны йæ (дæлæрмтты æмæ синтыл) синаджы лыггæгтæй æр- балвæста. Йæ къæхтыл бæзджын валенкæтæ. Æвæц- цæгæн суанг агъды рæбынтæм уыдысты. Цæугæ-цæ- уын уæрджытæ нæ тасыдысты. Сæрыл хъусджын худ арф æрфæлдæхта. Зæгъгæ ма худ æмæ валенкæтæ нæ зындысты, уæд ницæмæй хицæн кодтаид, тæтæйрæгтæ бадриджантæ цы дынджыр комхуыд голлæгты фæла- сынц уæймæ, уыдонæй. Æмбонды зыхъхъырæй йæм уыцы цымыдисæй куы кастæн, уæд мæ фæхатыдта. Бæргæ ма амбæхстæн, фæлæ дзæгъæлы. — Дæ райсом хорз уа, мæ хорз сыхаг. — Кæй райсом у, ’уый хорзæх дæ уæд. — Ома хуыцауы хорзæх, нæ? — бахудт. — Нæ, цæмæн хуыцауы? — фефсæрмы дæн. — Цæмæн цæ, хуыцаубон райсом у, — ноджы та ба- худт æмæ рараст ме ’рдæм. Цыма цæугæ нæ, фæлæ цæлхытыл æрбатулы, уый хуызæн зынд. — Ды мын, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ фадыбар- ю
цыл дис кæндзынæ, Барон, нæ? — сдзырдта, куы мæм æрбахæстæг, уæд. — Нæ, Заза. Цæмæн афтæ æнхъæлыс? — Уымæн, æмæ æцæг диссаг у. Кзгсыс, ды айдагъ æнæдыс хæдоны дæ æмæ дын уæддæр тæвд у. Æз та тайгæйаг сагдзоныгъыл цæуæг бæлццонæй хъармдæр арæзт дæн, фæлæ мæхи дзæбæх хатын. — Æмæ... —Ацы «æмæ» йæ цы зæгъынмæ хъавыд- тæн, уый мæхæдæг дæр нæ зыдтону фæлæ мæ дзых ныххуыдтаин, уый дæр мæм аив нæ каст. — Ибон-абон дæр мæм афтæ цымыдисæй кастæ... — Куынæ, Заза, — раст тæрхоны раз лæууæг æвæл- тæрд фыдгæнæгау стыхстæн. — Фæхатыдтон дæ, фæлæ дæм барæй ницы сдзы- рдтон. — Мæхи растгæнæн æфсæнттæ мын ницæмæ æрдардта. — Уæд та мын раргом кæн дæ хъуыддаг, Заза, кæд стыр сусæгдзинад нæу, уæд, — мæхи нал басастон æз дæр. — Цæмæй тæккæ райсом газеты февзæрон æмæ адæм цъиутау цъыбар-цъыбур кæной мæи тыххæй, нæ? — Худы æмæ йæ зачъе гæпп-гæпп кæны. — Дæхи куы нæ фæнда, уæд мæнæн цы бар ис дæ хъуыддæгты газеты фыссынмæ? — мæхи раст кæныи. — Ныууадз. Æппæтыфыццаг журналисты дæсны- йад райстои. Уæ туджы хатт цас æвæры сусæгдзинад, уый ме нæ зонгæ нæу. — Кæс дæ хорзæхæй, — бадис кодтон æз, — кæд о/сурналист дæ, уæд нæ газетмæ цæуылнæ цæуыс ку- сынмæ? — Цыууæ хъуыддагыл цæрæнбоитæм фидарæй мæ къух ауыгътои, æмæ уыдонæй иу журналисты куыст у. — Уæд иннæ та цы у, кæд уый дæр сусæггаг иæу, уæд? 11
— Ус ракурын. — Ус ракурын зæгъыс? Уæд цæмæн? — Ацы хъуыд-. даджы мæм мæхи хуызæн фæкаст æмæ йæ уæлдай фарст уымæн бакодтон. — Фæлæу-ма, ныр афæдзмæ хæстæг ам цæрын æмæ дын дæ хæдзарæй никæйма федтон рацæугæ. Кæм сты дæ бынонтæ? — дзуаппы бæсты мæ афарста. — Сæдæ азы куы цæрай ам, уæддæр дзы уымæй фылдæр никæй фендзынæ рацæугæ, кæд искуы мв ’мбæлттæй искæй, уымæй дарддæр. — Цы уый зоныс? — Зæлдаджы хъæндилау мæхи- уыл стыхтон, цы хæррæгътæ ссардтон, уыдон. Мæ бон уыйбæрц лæууын нæу. Хъуамæ сбадон. Кæд дын рæс- тæг ис, уæд абад мæ цуры. Нырма мæнæн дæр ыу æр- дæг сахаты бæрц рæстæг ис. — Ныртæккæ царды фыццаг фарст у арвы тыгъ- дад басгарын, — бандоныл куы ’рбадтыстæм, уæд рай- дыдта. — Цæмæйзон, райсом лæг кæдæм фæраст уы- дзæп æмæ цавæр уавæрты бахаудзæн. Хъуамэг уаза- лæи дæр æмæ тæвдæи дæр иугъуызон фæразои уа лæг. Уый тыххæй аразын ацы фæлтæрæнтæ. Уыцы бон мын лыстæггай фæдзырдта йæ сусæгдзи- нæдтæ, мæ къахы бынмæ дæр сæ кæй нæ иыдздзурдзы- нæн, уый тыххæй йын фидар дзырд куы радтон, уæд. Иырмæ бæргæ фæурæдтон мæ дзырд, фæлæ мыл фæс- тагмæ фæчых мæ оиурналисты миниуæг, æмæ иугæр иæуæм, уæд сæ ныффыстои. Йæ сусæгдинад та уыд уый мыдæг: Заза разыид, æз куыд æнхъæлдтон, ахæм хуымæтæджы лæг нæ, фæлæ профессор. Сфæнд кодта космикон нау саразын æмæ арвы тыгъдад басгарын. Бигуызы хæдзар дæр уы- мæн равзæрста: иуæй хибар, иннæмæй рагон бæз- джын къул, зæххы арф ныгъуылд хæдзарæй йæ нарæг фæрссæгтимæ æддæмæ уынæр уыйбæрц нæ хъуысдзæн. 12
А’фтæ зæрдиагæй дзырдта космикон тыгъдадыл, ззндæр æмæ æндæр планетæтыл, æмæ ахæм балцы ха- йад райсыны тыххæй мæ бæллиц нал баурæдтон. Уый исдугмæ нæ разы кодта, фæлæ йын тынг куы балæгъс- тæ кодтон, уæд сразы. Æрмæст мæ бафæдзæхста: — Иу горæтæй иннæмæ азюбусы ауайынау нæ уы- дзæн нæ балц. Чи зоны цыхуызæн цæлхдуртыл фе- мбæлæм, уæд азымы куыд никæй дарай. — Уый тыххæй мыл дæ зæрдæ дар, — мæ циндзи- над тыхæй уромгæйæ загътон фидарæй. Фæстагмæ ма нæм кæцæйдæр æрбамбал иу лæп- пу-лæг. Математикон зонæдты кандидат хуыдта йæхи. Мæнæн иуæй æхсызгон уыд, иннæмæй хъыг. Æхсыз- гон уымæи æмæ дард балцы дыууæйæ æнкъард вæййы. Æртæйæ хъæлдзæгдæр у. Хъыг та уымæн æмæ мæм æгæр тæрсаг, лæмæгъ адæймаг зынд. Мæ хъуыды хъуамæ загътаин Зазайæн, фæлæ йæ ныууагътон. Дæ~ хи дын куы нæ акæнон, уæддæр цы дæ бон у, зæгъгæ мын афтæ куы зæгъа... Заза мæм кауы сæрты æрбахъæр кодта, зæгъгæ нау цæттæ у æмæ демæ хæссынаг цы дæ, уыдон бафснай. Тагъд кæнын. Фенынмæ уал. Барон. 13
ФЫЦЦАГ ХАЙ
БАЛЦ ÆНÆЗОНГÆ ДУНЕМÆ 1. ауы цæттæдзинад ма пу хатт бæстон бафæл- вæрдта Заза. Бафæдзæхста Барон æмæ Морисы, цæ- мæп дзæбæх ахъуыды кæной æмæ мацы ферох кæной. Кæд ма сæ нскæй искуы нсты хъуыддаг ис, уæд сыл æрзмлой. Уыдон дæр бацархайдтоп. Бафснайдтой, на- уы хуылфы цалдæр азы фаг сæ хæринаг æмæ дои цы хъуыд, уый. Нывæрдтой чппгуытæ, цалдæр газет æмæ журиалты фæстаг номертæ, шахматтæ æмæ æндæр цы хъуыд, уыдон. — Нæ дард балцы араст уыдзыстæм райсом цып- пар сахатыл. Ацы изæр" ма уæ цы саразып фæнды? — .Куыд космнкоп балцы къухдарпуæггæнæг, афтæ ба- фарста Заза йе ’мбæлтты; æвзонг математик Морпс æмæ уацхæссæг Баропы. — Мæгуырау пæ уаид ресторапы абадыи дæр, фæ- лæ пын бадыи æмæ пыхас, стæй минас кæныпæп æгæр бирæ рæстæг--дæр ма уыдзæпнс, — • загъта Барои æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Фæлтау ацæуæм театр- мæ. Нæ космикон науы мыййаг артисттæ куынæ уы- дзæп æмæ нын уæлдæфы пьесæтæ куы нæ ’вдисдзысты. 16
— Иттæг хорз хъуыды, — йæ æрмтты, æмдзæгъдгæ- нæгау, кæрæдзиуыл æрцавта Заза. — Театр, уæд театр. Цæуæм, Морис. Ды æгæр æнкъард кæныс, — йе уæхск ын æрхоста. — Дæ цахъхъæны цы ’фсады ахæм зын æмæ тæссаг балцытæй. — Нæ, куы нæ дæн æнкъард. — Иæхи растгæнæгау дзуры Морис. — Æз ’ хъуыды кæнын, цы чиныг ма мæ ахсджиагдæр бахъæудзæнис, ууыл. Космикон науы хæс уыд Зиптуны тыгъдад сахуыр кæнын. Цас егъаудæр у хурæй æмæ йæ тæвдад цас тыхджындæр у, уый базонын. Искуы ма зæххы æнгæс планетæ ис æви вæ, уый базонын. Ацы фæстаг хъуыд- даг сын иуцалдæр мæйы афæстæдæр кодта сæ балцы ацæуыны æмгъуыд. Раздæр науæн нысангонд цыд бæ- рæг фæндаг. Кæцæй ацыдаид æм-æ кæм хъуамæ æр- бадтаид, уый нымад уыд. Фæстагмæ сæм <æрцыд æн- дæр хъуыды: искуы зæгъгæ уæд та зæххы ’нгæс плане- тæйыл фембæлдыстæм. Бафæндыд нæ йæ фенын. Цы кæндзыстæм? Космикон нау, кæм дæ фæнда, уым не ’рбаддзæн. Куы ’рбада, уæд та йын сыстæн нал ис. Уæд хъуамæ кæнæ ныууадзæм уыцы планетæ æнæ уындæй, науæд та уым баззайæм мыггагмæ. — Цытæ дзурыс, хуыцау ма зæгъæд искуы базза- нын. — Цыдæр тарстгъуыз ахъазыд Морисы цæсго- мыл. — Æз, мыййаг, искуы баззайынмæ м-æ былтæ нæ хæрын, фæлæ балцы æмгъуыд куы фæдарддæр кæнæм æмæ науы куы фæхуыздæр кæнæм, æппæтæй дæр нæ коммæ куыд кæса, афтæ йæ куы саразæм, уæд хуыз- дæр уыдзæнйс. — Йæ хъуыды æххæстæй загъта Заза. Тынг хорз фæнд фæкаст уый Барон ^æмæ Морисмæ дæр. Науы мидæг куы ныххызтысты æмæ герметикон дуар æнгом куы ныхгæдтой, уæд февзæрдысты мады 2. Къæбысты 3. 17
гуыбыны хуызæн талынг ран. Чи кæм бады,уый масæ улæфтæй кæд хатыдтой, æндæр цæстæй фенæн ницы уыд. Æвиппайды гæзæмæ цæйдæр гуыр-гуыр ссыд. Уый фæстæ науы цыма исты сриуыгъта, уыйау дзау- мæттæ нынкъуыстысты. Фæлæ уый уыд иу цæсты фæныкъуылд, стæй алцы.дæр ныссабыр. — Заза, дæ хорзæхæй, кæд гæнæн ис, уæд мæн фæстæмæ ахизын кæн, — талынджы райхъуыст Мо- рисы дзурын, фæлæ йын дзуапп куы ничи радта, уæд ма йæ дзырдмæ бафтыдта. — Мæ диссертаци æрдæг фыст у, цæмæйзон цас ныддаргъ уыдзæн ацы балц. Мæнæн та кафедрæ цы ’мгъуыд радта дохтыры дис- сертаци ныффыссыиæн, уый рæхджы фæуд кæны. — Ныртæккæ зæххæй стæм сæдæ кнлометры дард- дæр, — бахъуыр-хъуыр кодта Заза, фæлæ Морисæн дзуапп лæвæрдта, æви æнæуи афтæ йе ’взагыл æрба- бадт, уый зын рахатæн уыд. — Цы дзурыс уый! — йæ дзаумæтты сыбар-сыбу- рæй æнцон рахатæн уыд кæй фестъæлфыд Морис.— Ды сайгæ кæныс, Заза. Нырма зæххæй змæлгæ дæр куынæ фæкодтам. — Ма мæ хъыгдар, Морис. Æз сæрмагонд прибор- мæ гæсгæ бæрæг кæнын, зæххæй цас дарддæр цæуæм, уый. Рæстæгыл куынæ фæивæм науæн йæ фæндаг, уæд гæнæн ис æмæ Зиптунмæ æгæр хæстæг бацæуæм. Уæд æвиппайдæй æд пау атайдзыстæм. — Заза, æрмæст ма мын рухс фенын кæн, стæйдæ кæдæм фæнды, уырдæм мæ лас, — Барон та рухсыл батыхст. — Уыдзæн. Куыддæр науы фæндаг фæивæм, афтæ фæрссæгты æмбæрзæнтæ айгом кæндзыстæм. Науæд мæ прибор рухсмæ хорз нæ уынын кæны. , Ныссабыр нау. Канд Мори1с нæ, фæлæ Барон дæр не ’ууæнды зæххæй фæхицæн сты, ууыл, уæддæр нæ 18
хъæр кæны йæ дызæрдыгдзинад. Уæд, зæгъгæ, Морис фидардæрæй куы ныллæууа йæ фæндыл æмæ куы фе- хæла сæ балц. Баронæн йæ цæстытæ сæхигъæдæй æрæхгæдтой, Морис йæхипымæры рафт-бафт кæны. — Лæппутæ, — цыма дард искуыдæм дзырдта,уьь йау хъæрæй загъта Заза. — Рæхджы ахиздзыстæм æнæуæлдæф тыгъдадмæ. Дзаумайææндæрæй иууыл- дæр сæ бынæттæй сыстдзысты, фæлæ уæ тæрсгæ мачи фæкæнæнт. — Æниу уыцы хъуыддаг сахуыр* кодтой, развæлгъау, теорион æгъдауæй æмæ йæм цæттæ уы- дысты, фæлæ сæ Заза уæддæр бафæдзæхста, куыд экипажы хистæр. — Ау, уæдæ мын ахизынæн ницыуал фæрæз ис? — бакатай кодта Морис. — Ацы балцы агъоммæ уæ алкæй дæр æз, æнхъæл дæн æмæ фаг бафæдзæхстон, цæмæй фидар ахъуыды кæна. Саразинаг ын цы ис, уый сараза, стæй, мыййаг, кæд йæхиуыл йæ зæрдæ нæ дары, уæд ма рацæуа. — Мæсты уайдзæф бакодта Заза. — Уый раст у, фæлæ... Цæй, хæйрæджы хай фæуæд мæ диссертаци д’æр, мыййаг искуыдæм куы нæ алидз- дзæнис, — Барон зæрдæйæ æнкъары Морис йæ къух куыд ауыгъта, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — За- за, мæкмæ гæсгæйæ атæхынмæ алцы дæр, развæлгъау, цæттæ уыд. Цæмæ ма у нæ каст? — Уый нæма уырны,. уæддæр зæхх дард кæмдæр кæй баззадис, уый, уалын- мæ сæ космикон нау цыма искуы къæдзæхæй рахауд,, уыйау ныссæрбихъуырæйттæ кодта. Барон ауындзæ- гауæй аззад. Йæ къухтæй йæ алывæрсты æрæсгæрста. Налдæр, кæуыл бадт, уыцычингуыты асыкк ис йæ бы- ны æмæ налдæр, фæстæмæ кæуыл æнцой кодта, уыцы хус къæбæрты голлаг. 19*
— Уæ хорзæхæй, мæ бынæй мын мæ консервты къопп чи феЛвæста? —хъуыр-хъуыр кæны Морис. Зы- ны йыл сæ балцывæндаджы тыххæй цыдæриддæр са- хуыр кодтой, уыдон дзы фыртыхстæй кæй æрбайрох сты. — Æз уæ фæдзæхсгæ куы бакодтон, æнæуæлдæф тыгъдадмæ кæй хизæм, уый тыххæй. — Рæхджы нын рухс фенын кæндзынæ, Заза? — Бароны æндæр-ницы сагъæс домы. — Ныртæккæ мæцъистæ раст кæнын хъæуы фæн- даг фæивыны тыххæй. Æвæццæгæн ма уæ æрдæг сахат бахъæудзæн афынæй кæнын, — хъæлдзæггъуызæй загъта Заза, цæмæй сæ зæрдæтæ фæфидардæр ой. Кæд æй ныртæккæ бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæ ара- зын хъуыд, уæддæр ныллæг хъæлæсæй базарыд, æхсæ- 1зы цы пьесæ федта, уымæй цавæрдæр зарæг. — Уæдæ зæххæй дзæвгар радард ’стæм, Заза? — афарста та йæ Морис. — Куыд фæнды уа, уæддæр дæм дæ уарзон чызг нал ззынид, æгæрстæмæй сæ хæдзары сæр куы слæу- уа, уæддæр. — Мæ катайы сæр дæр уый у раст. — Ныххудт Морис. — Уæхи æрцæттæ кæнут газеттæ кæсынмæ, — ци- ны уацау сын фехъусын кодта Заза. — Ныртæккæ мæн иууыл тынгдæр фæнды шахмæт- тæй Бароны ам уæлдæфы ныппырх кæнын, — йæ æрмт- тæ кæрæдзиуыл цины цæф ныккодта Морис. . — Уымæй мæнг зæгъыс, — фæцырд æм Барон. — Цы мæнг зæгъын? Иу æмæ дæ дыууæ хатты рамбылдтон? — Рамбылдтай, фæлæ уый уыд растдæр уæлдæфы. Ам та æнæуæлдæф тыгъдад у. 20
— Гъе, хæйрæджы хъуыдытæ! Ныссуйтæ сты æнæ- арæхст зæронд усы тæбынау, — рахъаст кодта Морис, Ноджы ма цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ Заза ца- вæрдæр кнопкæ фелхъывта. Фæрссæгтæ фегом сты æмæ тыхджын рухсæрбакалд наумæ.Æвиппайды <æр- тæйæ дæр æмхуызон ныххудтысты. Алчи дзы йæхи уа- сæр нæма фæхатыдта æмæ кæрæдзиуыл худтысты. л, Морис чъылдымырдæм науы царыл сныхæст, Баро- иæн йæ сæр бынмæ. Йæ къæхтæМорисы риуы комком- мæ, цыма йыл слæууынмæ хъавы. Заза фæрссаггæрон^ хъазы пакъуыйау, уæлдæфы гæзæмæ змæлы. Йæ къух- тæй цавæрдæр мæцъистимæ архайы. Дзаумæттæ сæ* алывæрсты ленк кæнынц кæсæгтау. Цæй ныр дæхи куыд æнкъарыс, мæ хæлар? — Заза йæ мидбылты худы Морисмæ. — Æппын рахауынæй нæ тæрсыс цармæ куы схызтæ, уæд? — Тынг хорз хатын мæхи ам. Иууыл бынæй хæрд* мæ кæсын дæр цас бæллиццаг у. Иу хатт та адæймаг хъуамæ кæса уæлейæ бынмæ. — Морис базыдта ныр ын зæхмæ ахизын афтæ æнцон кæй нал у, уый æмæ йæхи хъæлдзæг дарыныл архайы. Барон чингуыты асыкк æрцахста. Йæхимæ йæ æр~ баласта, æмæ дзы систа, абон райсомæй цы газетта^ балхæдта, уыдонæй иу. Уацты сæртæ райдыдта хъæ- рæй кæсын: «Америкæйаг негыртæ тох кæнынц сæ- национ хæдбардзинадыл», «Африкæйы иуæй-иу пад- дзахадтæ сфæлмæцыдысты колониалон уавæрæй æмæ* тох кæнынц сессæрибарыл». «Англисы æгуыст адæм растадысты хицауады политикæйы ныхмæ»... — Барон, фæлтау ма, — фæурæдта йæ Морис.— Афтæ мæм кæсын райдыта, цыма ныртæккæ искуьг хæсты цæхæры бахаудзыстæм. фæлтау ма деттæ Гул- ливеры сис æмæ йын йæ балцытæй истытæ бакæс. Топ- * 21
пы хъæрмæ хъусынæй искуы лилиппуттимæ сæн нуа- .зын хуыздæр хабар у... — Кæсут-ма, — фæурæдта сæ Заза. — Ныртæккæ ’стæм Зиптуны системæйы. Афтæ мæм кæсы, цыма тæ- хæм цавæрдæр, зæххау йæхæдæг рухс чи нæ кæны, ахæм планетæйы сæрты. Барон ленкгæнæгау бакодта фæлгæсæн хæтæлмæ. Йæ дыууæ къухæй йæ æрцахста. — Кæс-ма, кæд мæ мæ цæстытæ нæ сайынц, уæд дзы зыны хъæд, хæхтæ... — Фæлæу. Æгæр ма стагъд кæн хаццæгтæ аразы- ныл. — Иуæрдæм ыл ахæцыд Заза. Иæхæдæг кæсы. — Раст дæ. Планетæйы уæлцъар у зæххы уæлцъа- ры хуызæн. Æгæрстæмæй дзы тынг егъау фурдтæ дæр ис... — Уый кæд зæхх у æмæ уын фæхæццæ ис, — уæле- йæ сæм æрдзырдта Морис. — Уый гæнæн нæй. Хуры системæйæ раджы ра- хызтыстæм. Ныртæккæ зилæм Зиптуны алыварс. — Иæ хъуыды йын аиуварс кодта Заза. — Заза, —ныллæг хъæлæсæй сдзырдта Барон,— дзæбæх ма бабæрæг кæн, кæд хъæды астæуты искуы уæрæх æрдузтæ ис, уæд дзы æрбадиккам. Дардæй кæсгæйæ ницы уадиссаг у цыфæнды планетæ дæр. — Уый гæнæн дæр ис, фæлæ уал бабæрæг кæнын хъæуы уæлдæфы æлхъывдад. — Йæ дзырд та æрæп- нæрста Морис. — Иугæр дзы хъæд ис, уæд дзы уæлдæфæн æнæ уæвгæ нæй. — Фидарæй загъта Заза. — Æцæг цымыдисаг хабæрттæ ахæссиккам уыр- дыгæй. Æппын нæ, фæлæ дзы цардæн уавæртæ ис æви нæ, уый уæддæр фенид лæг. — Иæ бæллиц фергомдæр’ кодта Барон. '22
II. Науы иу дидинæгджын фæзы бæрзонд наз бæласы бын сæвæрдтой. Йæ алывæрсты йын æрдзы сконд хорз сбæрджытæ кодтой, зæгъгæ, мыййаг куы адзæ- гъæл уæм исчердæм, уæд цæмæй æнцон арæн уа. Бон уыдис тæвд. Зиптуны хус тынтæ буар арауæгау код- той, Æнæуый дæр Барон æмæ Морисæн сæ парахат дон ахуыр буæрттæ цалдæр мæйы дæргъы схъыг сты бæрц донæй. Уымæ гæсгæ сфæнд кодтой дон бацагу- рын æмæ сихор дæр уый цур бакæнын. — Æмæ амы дон нуазынæн, стæй зæххон доныл ахуыр буарæн найынæн дæр кæй бæздзæн, ууыл *фи- дарæй æууæндут, хъуымызбылтæ? — бирæ сæм фе- хъуыста, стæй сæ фелхыскъ кодта Заза. — Нуазыны дон нырма нæхимæ ис. Мæн -зæгъын фæндыд, цæмæй нæ доны сатæг ацы тæппалгæнæг тæвдæй бахнза. —Иæхи растгæнæгау сдзырдта Ба- рон. — Цæй, сымахæрдыгонау фæуæд, — сразы семæ Заза. — Нырма уал дон ссарæм, стæй йе ’сконд сбæл- вырд кæнын зын нæу. Ие ’рдзы æппæт миниуджы- тæм гæсгæ ницæмæй хицæн кæны зæххæй. Уæд, æвæц- цæгæн, йæ дон дæр бæздзæнис. — Иу диссаджы фæнд мæм сæвзæрд, — цалдæр мæйы дæргъы ма фыццаг хатт фæзынд райдзаст æн- гæс Морисы цæсгомыл. — Уагæры цы уыдзæн?—Дисгъуызæй йæ афарста Барон. Бæстон æм байхъуыста Заза дæр. — Нырма зонадон литературæйæн ацы планетæ зындгонд нæу, мæнмæгæсгæйæ. Уæд ын ном дæр кæ- цæй уыдзæн. Фæнды мæ, цæмæй йын исты ном рад- тæм æмæ нæ номыл баззайа. — Нæу æвзæр хъуыды, фæлæ йæ цы схонæм? — 23
’сразы Заза дæр. Барон дæр йæ сæр разыйы тылд ба- кодта. — Зæххы хуызæн кæй у, уый тыххæй йæ «Æнгæс» схонæм. — Сдзырдта Морис æмæ цымыдисæй кæсы куы Зазамæ, куы Баронмæ. — Уæт афтæ, — йæ къух ауыгъта Заза. — Разы дæн, — йæ сæр батылдта Барон. Науы дуæрттæ дзæбæх сæхгæдтой. Семæ райстой хæрд, иу авг шампайнаг сæн, дон. Араст сты æрдузы, хъæд бæзджын кæм зынд, уыцырдæм. Цы иунæг ав- томат сæм уыд, уый дæр райстой. Цы нæ вæййы? æр- дзы айхуызæн уавæртæ кæм ис, уым гæнæн ис æмæ исты цæрæгойтæ уа. Дон агурын сæ бирæ нæ бахъуыд. Иу ран чысыя къæдзæхы дæллагхъуырæй хæлхæлгæнгæ уад æмби- сонды рæсугъд суадон. Иæ алыварс но’гдзыд залмы.- сыфтæ цъæх дардтой. Уыдонмæ, стæй бæлæсты сыф- тæртæ æмæ дидинджытæм гæсгæ дæр зæгъæн уыд уалдзæг кæй у ацы планетæйы. — Ацы дон нуазынæн ма бæзза, уый мæн ницæй тыххæй бауырндзæн. — Фидарæй загъта Барон. — Тагъд ма кæн. Нырма уал зæххон дон баназ, кæд дæ ком басур, уæд, — донмæ ныггуыбыргæнгæйæ дзуры Заза. Систа дзы йæ армы дзыхъхъы. Дзæвгар æм фæкаст, стæй йæ акалдта. — Бæздзæнис, æнхъæл дæн, нуазынæн, фæлæ уал æм банхъæлмæ кæсæм. Нырма ницы тыхсæм. Фæстæ- дæр ын ноджы йе ’сконд сбæрæг кæндзыстæм. Сихор хæрыныл æрбадтысты. Фæйнæ агуывзæйы хæрзад сæн куы банызтой æмæ кæрдзыны къæбæр- тæи куы ацаходыдтой, уæд хъæдæй æрбайхъуыст цыдæр сыбар-сыбур. Иууылдæр айхъуыстой. Базыд- той цавæрдæр цæрæгойтæ уыдонырдæм кæй æрбацæ- уынц. 24
— Бæласы аууонмæ! — хæстон бардзырдау фæ- кодта Заза æмæ йæхæдæг разæй суад; йæ бындзæф- хад тынг ставд кæмæн уыд, ахæм тæрсбæласы бынмæ. Хæрыны мæт ма кæй уыд? Цы гауызыл уыдысты хæ- ринæгтæ, уым сæ атыхта Морис. Бæласы фæстæ сæ авæрдта. Барон автомат фелвæста. Бæласы аууон æрлæууыд æмæ аивæй кæсы, уынæр кæцæй цæуы, уы- цырдæм. — Адæймаг!—дисгъуызæй фæкодта Барон æмæ йæ сæрыл æддæдæр рахæцыд. — Æмбисонды рæсугъд чызг йæ мады ард бæгъ- нæгæй, — сдзырдта ма æмæ чызгмæ кæсгæйæ баззад. — Æцæг, — Сусæгæй акаст Морис æмæ йæ уыйг дæр федта. — Цыдæр халсардзау фыдуаг чызджытæ- сæхи сбæгънæг кодтой &мæ хъæды тезгъо кæнынц. Æвæццæгæн нæлгоймагыл кæй нæ фембæлдзысты ацы хъæды, ууыл сæ зæрдæ дарынц... — Фæлæу!—уырдыгмæ йæ æрысхуыста Барон.— Кæс, дæ хорзæхæй! Иæ фæстæ адæмы æнæхъæн бардз. Нæлгоймагæй — сылгоймагæй иууылдæр бæгъ- нæг. Заза нырма æнæзмæлгæ хуыссыд уæлгоммæ. Хъуы- ста йе ’мбæлтты ныхæстæм. Æгæр æвæджиауы хъуыд- дæгтæ куы дзырдтой, уæд нал фæлæууыд. Сындæг- гай сыстад. Къутæры фæстæмæ бахылд æмæ кæсы. Кæсы Земæ це ’ууæнды йæ цæстытыл. Адæм! Æцæг адæм. Бæгънæг адæм. Нæлгоймæгтæн бæзджын хъуы- ны ’хсæнæй сæ цæстытæ æрттивынц. Сылгоймæгты сæры хъуынтæ даргъ æмæ пыхцыл. Фæлæ сæйраг уый нæу. Заза сын кæсы се ’змæлдмæ, сæ цæсгæмтты уавæрмæ, сæ хъæлæсы уагмæ. Иу мур дæр сæ ницы хаты. Æрбацыдысты донмæ. Фосау ныггуыбыр код- той. Банызтой, стæй аздæхтысты. Чысыл фалдæр къаннæг æрдузы нæууыл ныккалдысты, ривæдгæнæг 25;
-фосау, æмæ хуыссынц. Иу бæрзонд рæхснæг чызг сæ алывæрсты зилы. Алырдæм хъахъхъæны. — Заза, циу уый?—дисгъуызæй йæ фæрсы Барон. — Кæд ма исты зонын, уæд адæм сты, фæлæ сæм адæймаджы миниуджытæй ницы ис. Ау, иу дзырд дзы куыд никæй дзыхæй сирвæзт. Иу хъазæн ми дзы куыд ничи ницы сарæзта? Бæгънæг сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ иумæ сæхи куыд бынтон сæрибар- æй хатынц. — Зæххыл дæр ма кæмдæрты хонынц фæстæзад адæм,—басыбар-сыбур кодта Морис. — Дзурын чи нæ зоны, ахæм уавæры, хъазынмæ чи нæ арæхсы, зæххыл ахæм адæм никуыуал ис. — Уыцы фарст^гл цæмæй мачиуал ахъуыды кæна, уый тыххæй фидарæй ныллыг кодта Заза. — Сæ цурмæ бацæуын хъæуы. — Зæгъы Барон. — Афтæ æнцæнттæй нæй семæ базонгæ уæвæн. Цыдæр æрымысын хъæуы. — Арф ныхъхъуыды кодта Заза. — Мæнмæ гæсгæ та сæ ныхъуыдты уадзæм æмæ афардæг уæм, — тарстхуызæй зæгъы Морис. . — Уый раст нæ уыдзæн. Ау, адæймæгтæ куы сты. Куыд нæ ссардзыстæм семæ иумиаг æвзаг, — йæ ны- хас ын фескъуыдта Заза. — Мæнмæ иу фæнд ис, — фыццаг Морисмæ, стæй -Зазамæ бакаст Барон. — Зæгъ æй, — сдзырдтой æмхуызоп. — Нæ зонын, цас æууæндæн сыл ис, фæлæ айраз- мæ бакастæн иу зонадон фантастикоп роман. Зона- дон экспедицийы уæнгтæ бахаудтой цавæрдæр хъæд- даг бæгъиæг адæммæ. Фыццаг сыл цы къорд бам- бæлд æд дзаума, æд хотыхтæ, уыдоны нытындтытæ, Ныскъуыдтæ кодтой. Уый фенгæйæ иниæтæ сæхи абæгънæг кодтой, мигæнæнтæ акалдтой æмæ сæм аф- 26
тæмæй бацыдысты. Хъæддаг адæм сæ хъуыды дæр не ’ркодтой... — Ныр дæу фæнды, цæмæй мах дæр уыцы хъуыддаг бафæлварæм? — фæрсæджы каст æм бакодта Заза. — Куыд уæ фæнды, афтæ, — йе уæхсчытыл хæрдмæ фæхæцыд. — Цыбыр дзырдæй ацы адæмы цард æнæ базон- гæйæ махæн ацæуæн нæй. Уый базонынæн та ссарын хъæуы семæ иумиаг æвзаг. Уыцы фæрæзтæй спайда кæнын дæр цыма иууыл æвзæр нæ уаид. Æрмæст сæм æмткæй куы бацæуæм,,уæд гæиæн ис æмæ исты рæ- дыд æруадзæм. Бацæуæд уал сæм нæ иу. Исчи уæ йæхи барæй разы кæны? Науæд мæн ауадзут. — Ныхъус сты лæппутæ. Уыцы адæммæ цæуын сæ алкæмæ дæр каст мæлæтмæ цæуæгау. Æрæджиау Барон фестад. — Цы уа, уый уæд. Æз цæуын. Æрмæст, мыййаг, иеты, уæд цæттæ лæуут. — Йæхи зыбыты бæгънæг скодта. Йæ сæры даргъ хил апыхцыл кодта æмæараст. — Кæд мæ афтæмæй дзæбæх суазæг кæной, уæд •сымах дæр сбæгънæг кæнут уæхи. Уый фæстæ сын бамбарын кæндзыстæм хъуыддаг. — Ацыд. Заза йæхи- мæ æрбайста автомат. Морис йæ рахиз къухы фидар пылгъывта финаг карды фистоп. Барон куыд хæстæгдæр цæуы бæгънæг адæммæ, афтæ йæ зæрдæйы тас фылдæрæй фылдæр кæпы. Р1æ хъус дары фæинæрдæм аивæй. Уæд та йæм æвиппай- ды ралæбурдтой, уæд æм цалынмæ æххуысмæ зыной, уæдмæ истæмæй хи хъахъхъæнын хъæуы. Хъæды та ахæм мæцъистæ иу æмæ дыууæ нæ вæййы. Æрмæст æй рагацау куы нæ абæрæг кæна, уæд лæг фæтыхсын дæр зоны. Æрбахызт æрдузы кæронмæ. Барæй бæлæстæм кæсы, цыма сыл исты хæринаг агуры. Адæм хуыссынц æнæ змæлгæ: чи уæлгоммæ, чи дæлгоммæ, чи йæ иу 27
фарсыл. Уæртæ кæронæй æрхуыссыд, Барон фыццаг кæй федта, уыцы чызг. Йæ буар æгасæй мыдадзгъуыз лæгъз æмæ æлвæст. Комкоммæ кæсы Баронмæ. Йæ къуыбыр риутæ сæвджын риуыл æнæмæтæй улæфынц. Иæ уадултæ сырхбын дарынц, цæстытæ саунæмыджы æрттывд кæнынц. Баронæн йæ зæрдæ цыдæр æнæнцой тæлфт скодта, фæлæ рæсугъд чызджы бæгънæг буары зæрдæскъæфæн рæсугъддзинадæй, æви йæм комкоммæ кæй кæсы, уый тæссæй, уый йæхæдæг дæр рæстмæ нæ хаты. Чызджы цæсгомыл æнæзонгæ лæджы уындæй иу нуар дæр нæ фезмæлыд. Барон исдуг афтæ дæр ахъуы- ды кодта, зæгъгæ кæд æрдзæй куырм у. Чызг уæлгом- мæ æрзылд, йæ цæнгтæ йæ нывæрзæн бакодта. Иæ иу къах скъæдз кодта æмæ хуыссы æнцад. Барон фыр- адæргæй хус къæцæлыл фæлæууыд æмæ йæ къæрцц фæцыд. Иу лæг æм йæ уæхсчы сæрты ракаст.Хъуын- джын цæсгомæй йæм уыцы зынджыстъæлфæны хуызæн цæстытæ куы ферттывтой, уæд Бароны зæрдæ бауа- зал. Иæ буар æнæнцой тæлфт скодта. Фæдисы хъæр ныккæнынмæ йæ бирæ нал бахъуыд, фæлæ уæдмæ уы- цы тæссаг цæстытæ фæстæмæ азылдысты. Бароны зæр- дæ чысыл йе ’муд æрцыд. Æввахс бацуд адæммæ æмæ иу цыбыр хус мæцъисмæ хæстæг æрхуыссыд. Хъуыды дæр æй ничи кæны. Иæ «зонгæ» чызг та йæ къах адаргъ кодта. Йæ иу фарсыл æрзылд æмæ та комком- мæ кæсы Баронмæ, цыма йæ бæрæг кæны. Баронæн та ногæй тасдзинад сæлхъывта йæ зæрдæ. Фæлварьт чызгмæ йæ мидбылты фæхудын, фæлæ йын ничердæм цæуы. «Куырм у. Æнæмæнг куырмытæ сты иууыл- дæр».—Аскъуыддзаг кодта йæхинымæры Барон. Сфæнд кодта уыцы хъуыддаг бæстондæр бафæлварын. Иæ рахис къухыл ’схæцыд. Амонæн æнгуылдз йæхи- мæ сидæджы тылд бакодта, чызг æм æцæг бацыд. 28
Иæ дуры узелгоммæ схуыссыд, Иæ цæнгты та йæ ны- вæрзæн бакодта. Йæ рахис къах систа æмæ йæ Баро- ныл æрæвæрдта. Лæппу фырадæргæй нындзыгау. Иæ- хинымæры аскъуыддзаг кодта йæ царды фæстаг уысм кæй æрцыд. Ныртæккæ йын йæ хурх ацахсдзæн. Фæ- дзурдзæн йе ’мбæлттæм æмæ йæ ныххурх кæндзысты. Фæлæ дзы ахæмæй ницы рауад. Фæхуыссыд иудзæв- гар, стæй сыстад. Дон кæм банызтой, уыцырдæм ацыд. Иудзæвгар рæстæджы фæстæ æрбаздæхт. Хъæбы- сы дзаг æрбахаста хъоппæджы хуызæн цыдæр хал- сæрттæ. Æнæ исты сдзургæйæ сын сæ фылдæр адæмыл апырх кодта. Уыдон растадысты æмæ уæззаугай рай- дыдтой æууилын. Чызг йæхæдæг Бароны цур æрбадт/ зæххыл æркалдта йæ халсæрттæ æмæ райдыдта хæрын. Барон исдуг æнхъæлмæ каст, зæгъгæ мæм кæд исты сдзурид, фæлæ уый уыцы æнæмæтгъуызæй куы хорд- та, уæд дзы райста иу, зæгъгæ кæд афтæмæй хуыздæр ссарин йемæ иумиаг æвзаг. Чызг хæры. Стæм хатт бакæсы Баронмæ. Уый ,йæм йæ мидбылты гæзæмæ ба- худы. Чызгæн дурæй хъауджы нæ фендæргъуызон вæййы йæ цæсгомы хуыз. Баронмæ æгæр-сабыр кæй дардтой сæхи, уый бара- зæнгард кодта Зазаиты. Уыдон дæр сæхи сбæгънæг кодтой. Уыцы чызг кæрдæджытæ кæм æртыдта, уыр- дæм ныццыдысты. Фæйнæ дæлармы дзаг æртыдтой ставд хъоппæджытæ. Сындæггай бацыдысты адæмы цурмæ. Апырх сыл кодтой хъоппæджыты, сæхæдæг æрбадтысты Баронмæ хæстæг. Адæмæй сæм чидæртæ скæстытæ кодтой’, æвæццæгæн сæ, зæгъгæ, чи ’рбахас- та, уый базоныны тыххæй, стæй райдыдтой хæрын. Барон йе ’мбæлттæм сусæгæй бакаст абмæ сын баца- мыдта, зæгъгæ уæ мачи мацы сдзурæд. Уый йæ фæха- тыдта ацы адæммæ æппындæр æмбарынад кæй нæй æмæ дзурын дæр кæй нæ зонынц, 29
Сæ кæрдæджытæ хæрд куы фесты, уæд та фæстæ- мæ схуыссыдысты. Барон йæ иу фарсыл æрхуыссыд чызджы ’рдæм здæхтæй. Уый йæм хæстæг балæст. Иæ чъылдым æм аздæхта æмæ комкоммæ йæ хъæбысы схуыссыд. Барон куыддæр фендзыгау. Цыма цавæр- дæр къахбай сылгоймаг хуыссыд йæ цуры, афтæ йæм фæкаст. Исдуг йæхи фидар кодта, стæй чызджы уæхс- кыл йæ арм æруагъта. Уый фестъæлфыд. Ие уæхсчы сæрты йæм тызмæг каст æрбакодта, стæй чысыл дард- дæр абырыд. «Диссаджы адæймаг, — хъуыды кæны Барон. — Ног, кæуыл никуыма фембæлдтæн, ахæм адæймаг. Ног, хъуамæ йын йæ ном дæр ахæм исты схонон. Зæ- гъæм Нагъуæ. Чизоны кæдмæ нывæстаид Барон ахæм сагъæстæ, æвиппайды, арвы цæфау, бæстæ чи сæмт’ъер кодта,. ахæм хъуыддаг куынæ ’рцыдаид, уæд. Ахх, ахæм ныв никуы ма федтой нæ зæххон бæлццæттæ зæххыл... Нагъуæ Бароны хъæбысы куы ’рхуыссыд, уæд Мо- рисы уæнгтæ цыдæр ихæн рызт скодтой. Ахæм рæ- сугъд чызг уый нæ, фæлæ йе ’мбалы цур кæй схуыссыд, уый йæм куыддæр хардзау æркаст. Зæгъгæ æвзонг ма- тематик, рæхджы зонæдты дохтыр чи уыдзæн, уый цур нæ хуыссы ахæм зæдæнгæс æвзонг чызг, фæлæ цавæр- дæр уацхæссæджы цур. (Хи уæлдæр кæныны æнкъа- рæнтæ раджы ныббиноныг сты Морисы зæрдæйы. Æ’мæ йын ам дæр ферохкæнын кодтой, цы уавæры ис, уый). Ныр Бароны чызджы цæсты фæхудинаг кæны- ны охыл дæлгоммæ ныххуыссыд. Иæ цæнгтæ йæ ныхы бын акодта æмæ хъæрæй сдзырдта. — Уый дæр дæ базыдта, Барон, дымыстæр уацхæс- сæг кæй дæ... » Ахх! цыма сæ астæу арвы цæхæртæ æркалдысты, уый схъиуд фæкодтой адæм. Бæстæ хъæр-ахст ссис. 30
Фæйнæрдæм ратæх-батæх кæнынц. \Æ,рмæст диссаг уый у æмæ дзы иу, чысыл исты нысаниуæг уæддæр кæ- мæн уыдаид, ахæм зæл никæй дзыхæй хауы. Сæ хур- хы сæртæй уыцы æмхуызон хъихъхъ кæнынц цъахтау, Барон дæр фестад. Йе ’мбæлттæн ацамыдта, зæгъгæ, уыдон куыд кæнынц, афтæ кæнут, цæмæй ныл ма фæ- дызæрдыг ой. . Уыцы хъæр-хъæлæба ахаста иу æрдæг сахаты бæрц. Уый фæстæ чысылгай сабыркæнын байдыдтой. Адæм хъæдтæй фæстæмæ здæхынц æрдузмæ. Цæуынц. Æм- бырд кæнынц. Уыйбæрц адæм æрбамбырд æмæ уыцы уæдæх æрдузы цæугæ дæр нал кодтой. Уæддæр цæ- уынц. Се ’зм-æлд, сæ цæстæнгас иууылдæр æвдисы стыр тасдзинад. Барон аивæй бакаст Морисмæ. Раст цикъæйау ныффæлурс. Йе 'уæнгтæ ризынц. «Гъе, сæрхъæн, ай иууылдæр дæ фыдбылыз уыд», — хъуыды кодта æмæ цæстæнгасæй уыцы æмхуызоп адæмы ’хсæн агурын байдыдта Нагъуæйы. Куы йæ ссардта, уæд æм хæстæг бацыд. Уый дæр уыд Морисау фæлурс æмæ йе уæнгтæ рызтысты. Барон æм йæ мид- былты бахудын афæлвæрдта, фæлæ чызгæн йæ лыс- тæг даргъ æнгуылдзтæ куыд ,æрбатымбыл сты, йæ дæндæгтæ куыд схъыррыст кодтой, уый куы федта„, уæд иннæрæм азылд. Адæм налдæр бадгæ кодтой, налдæр хуысгæ. Фосы дзуг бирæгъы фæлæбурды фæстæ куыд сдзолгъо-мол- гъо вæййынц, афтæ фæкодтой иудзæвгар. Уый фæстæ чысыл къордтæ-къордтæй апырх сты донæрдæм. Ба- рон йæхи Нагъуæйы фæрсты фæцæуæгкодта, фæлæ йæ уый хъуыды дæр нæ кæны. Донмæ куы баввахс сты„ уæд Нагъуæ аздæхт æмæ райдыдта хъоппæджытæ хæ- рын. Барон цæстæнгасæй ацагуырдта йе ’мбæлттьк Уыдон нырма æрдузы лæууынц иунæгæй. Сæ ахасты зыны, цы бакæной, ууыл кæй тæрхон кæнынц. Барон 31
, сæм аздæхт. Уым хæстæг куы ничи уыд, уæд сæ ба- фарста ныллæг хъæлæсæй. — Цы чындæуа? — Æгæр сæ сызнæт кодтам, — мæстыгъуызæй дзу- ры Заза. — Бæрæг у адæймаджы хъæрæй тынг кæй тæрсынц. Фæрæдыдыстæм. Ам æмбаргæ адæм макуы цæра, уый гæнæн нæй. Æвæццæгæн сæ уыдон хъыгда- рын байдайынц æмæ уымæн афтæ тæрсынц. Ам æрба- дыны агъоммæ уал нæ азилын хъуыд бæрзæндты. Ис- куы горæт, гъе, хъæумæ ’ввахс уæддæр æрбадтаиккам. Ацы ныхæстæ куы кодтой, уæд сæм æрбацыд Нагъ- уæ. Цыдæргъуызон цъæхснаг хъæлæсæй схъихъхъытæ кодта. Къухæй сыл ахæцыд, иннæтæ чердæм ацыдысты, уыцырдæм, стæй сæ разæй араст. Ацыдысты уыдон дæр. Дзурын нал уæндынц. Аивæй къухтæ æмæ цæс- тæнгасæй кæрæдзийы фæрсынц, зæгъгæ, цы бакæнæм? Доны былтыл апырх сты адæм æмæ адджынæн хæ- рынц уыцы алыгъуызон халсæрттæ. Заза йæ цæстæй ацамыдта йе ’мбæлттæн, зæгъгæ, дон нуазыны ’фсон азилæм къæдзæхы рæбынырдæм. Афтæ бакодтой. Куы фæхицæн сты, уæд сын бамбарын кодта, зæгъгæ сæ астæуты аивæй, куыд ницæуыл фæдызæрдыг уой, аф- тæ иудзæвгар фæрацу-бацу кæнæм, цæмæй ныл сæ цæст сахуыр уа. Уый фæстæ скæндзыстæм нæ дзау- мæттæ. Æз æнхъæл дæн афтæмæй ныл æрæууæнддзы- сты. — Цы гæнæн уыд? Уымæй хуыздæр сæ чи цы фæнд æрымысыдаид, уый нæ зыдтой. Бакодтой афтæ. Алчи дæр сæ куыд федтаид, афтæ фæрацу-бацу кодтой адæмы ’хсæнты. Кæуыл-иу .сæхи басæрфтой, кæмæн-иу дзы исчи йæ цонгмæ февнæлд- та, цыма фæцæйхаудта æмæ æххуысы ’фсон. Афтæ куы банхъæлдтой, зæгъгæ ныл ныр баууæн- » дыдаиккой, уæд сындæггай цæуынц уæлæмæ, сæ дзау- ’мæтты ’рдæм. Ссыдысты сæм. Раздæр сбадтысты сæ •32
цуры. Уый фæстæ райдыдтой сæ пысултæ кæнын. Ин- нæты уæлдай сæм Нагъуæ цæмæндæр тынгдæр дардта йæ хъус. Æмæ канд уыдонмæ нæ, фæлæ-иу иннæтæй дæр исчи куы фæхицæн, уæд-иу æм ацыд æмæ, фосы куыд здахай, афтæ-иу æй æрбаздæхта. Ныр куы фæхатыдта Зазаитæ кæй ахицæн сты ин- нæтæй æмæ уæлæмæ кæй ацыдысты, уый, уæд, зивæг- гæнаг фыййауау, сабыр араст сæ фæдыл. Цалынмæ сæ тæккæ ц>рмæ схæццæ, уæдмæ йæм бæласæй нæ зындысты æмæ цыдис кæрдæджытæ хæргæ. Бæласæй цалынмæ фæуæле, уæдмæ сæ дзаумæттæ æрдæг конд уыдысты. Уыцы хуызы сæ куы ауыдта, уæд иу хъихъхъ фæласта æмæ уырдыгмæ йæхи аппæрста, цыма йæм бирæгъты бал ралæбурдта. — Ласгæ ут фæстæмæ! — фæхъæр кодта Заза, фæ- лæ цалынмæ сæ хæдæтты фæйнæ дысы æлвæстой, уæдмæ æмбондау, сæ алывæрсты æртыхстысты уыцы тызмæг адæм, сæхи сыл ныццавтой. Абынæй сæ код- той æмæ сын райдыдтой сæ’дзаумæттæ бырæгътæ кæ- нын. Сæ уæлæдарæсмæ сын чи не ’ххæст, уыдон та пырх кодтой, бæласы бын ма сын цы уыд, уыдон. Бын- тон сæ куы афистæг кодтой <æмæ сын сæ дзаумæтты лыстæг бырæгъ куы ныккодтой, уæд сæ суагътой. Иу- цастæр ма сæм мæстыгъуызæй фæкастысты, стæй та апырх сты. Сæ цуры ма баззад æрмæст Наг’ъуæ. Зын рахатæн нæ уыд уый сын цыдæр нысæнттæм гæсгæ сæ цуры хъусдарыны тыххæй кæй ныууагътой. Адæмæн сæ фылдæр ацыдысты, Зазаитæ сæ нау кæм ныууагътой, уыцырдæм. Хæстæг сæм куы ничи- уал уыд, уæд сæ Нагъуæ басхуыстытæ кодта, æмæ та разæй араст, иннæтæ’ чердæм ацыдысты, уыцырдæм. Ацыдысты æмæ федтой, ныр сын бынтон сæ ныфс æмæ сæ хъару чи асаста, ахæм æнамонддзинад: адæм ным- бырд сты науыл. Пырх æй кæнынц. Иæ дуæрттæ йын 3. Къæбысты 3. 33
ратыдтой. Йæ къухы дзы кæмæн цы бафты, уый дур- тыл хойын райдайы, цалынмæ ма дзы йæ къухы хæрз гыццыл мур баззайы, уæдмæ. Афтæ йæ фæратон- батон кодтой, цалынмæ сып дзы исты скъуынын куымдта, уæдм&. Куы ризæр, уæд адæм иууылдæр æрымбырд сты доны фаллаг фарс аёрдузмæ. Алчи йæхицæн æрбахаста кæрдæджытæ, бæлæсты сыфтæртæ. Ныккалдтой сæ иу рæтты æмæ дыгæйттæ, æртыгæйттæй абырыдысты сæ мидæг. Зазаитæ исдуг нæ зыдтой цæмæн сæ хъæуынц уыцы кæрдæджытæ, уый æмæ афтидæй æрбацыдысты сæ фæдыл. Уæдæ цы кодтаиккой? Нал ис нау, кæд ма дзы цыдæр аззад, уæддæр æнæ сцалцæг нал бæззы, цалцæг кæнынæн та сæрибар рæстæг æмæ мигæнæнтæ хъæуы. Уыдонæй та сæ къухы иу дæр нæй. Æдаух сты цыдæр æнæмбаргæ хъусдарды бын. Нал ис дзаума, ныр сæ цалынмæ исты æнæнхъæлæджы фыдбылыз æрæййафа, уæдмæ хъуамæ цæуой уыцы адæмы фæ- дыл. Кæной, уыдон куыд кæной, афтæ. Заза æмæ Морис уыцы фыдæбæтты фæлладæй уай- тагъд афтид нæууыл афæлдæх’тысты æмæ хуыссынц. Барон Нагъуæмæ кæсгæйæ афæстиат. Куы ’рбацыдыс- ты, уæд Нагъуæ йæ кæрдæджыты иу фæз ран æркалд- та. Бароныл æрхæцыд, ома схуысс, йæхæдæг ацыд. Ноджы ма иу хъæбысыдзаг æрбахаста. Уыдон дæр уым æркалдта æмæ схуыссыд Бароны фарсмæ. Уай- тагъд ныффынæй сты æмæ бонмæ сæ къах дæр нал. атылдтой. III. Заза диссаджы дзæбæх фын уыдта. Цыма оперæйы |бады. Цавæрдæр æхцон музыкæйы зæлтæ йын йæ хъустæ рæвдауыцц, фæлæ куыдфæстагмæ тынгæй- 34
тынгдæр æмæ сæртæгдæр кæнынц. Уалынмæ йын ц’ьг- ма чидæр йæ тæккæ хъусы цур йæ тых, йæ бонæй пиа- нинойы клавиштæ æмцæф ныккодта. Фехъал Заза, Æнæхъæн æрдузы дзаг адæм æмæзмæлд кæнынц. Ал- чи дæр дзы йæ хъæлæсы дзаг хъихъхъ кæны. Заза агу- рьг йе ’мбæлтты. Цæй æмбал æмæ цæй цыдæр? Афтæ схæццæ сты æмæ дзы куыдз йæ хицауы нал ссардтаид. Æвиппайдæй адæм, миты зæйау, афсæрстой хъæды- рдæм. Заза дæр лидзы. Куы йæ чи скъуыры йæ сынæ- гæй, куы чи. Бæргæ æрлæууид. Банхъæлмæ кæсид, ца- лынмæ иууылдæр йæ разæй фæуой, уæдмæ, фæлæ йæ сæ разæй хæссынц адæм. Хæйрæг бамбарæд цы ’рцыд, уымæн исты. Баро- нитæ сæ фезнæт кодтаиккой æмæ уæд цы фесты сæхæ- дæг? Сæ разæй лидзынмæ кæд фесты мыййаг, фæлæ кæй онг лидздзысты? Хъæды уыцы иугуырæй цæуæн нал уыд адæмæн. Заза иу бæласы фæстæ фæцис æмæ йæ ныууагъта адæ- мы зæй. Уæддæр сæ фæдыл æдзæугæ нæ уыд. Стæй иу бæллæх та уый у æмæ фæстейæ, стæй сæ алы фæр- стырдыгæй дардæй хъуысы цавæрдæр уынæр, мæпæ цуанонтæ сырдты дзуг сæ разы бадджытырдæм куы фæсурынц, уæд куыд фæура кæныц, ахæм хъæлæба. Уыцы уынæрæй адæм афтæ тæрсынц æмæ чердыгæй фæцæуы, уырдыгæй та иннæрдæм фессæндынц. Лидзы Заза, уалынмæ йæ хъустыл ауад топпы гæрах. Ау, топ- пы гæрах уыд? Æнæмæнг топпы гæрах. Дыккаг, æр- тыккаг. «Хæст уа, æмæ ацы бæгънæг, æнæмбаргæ афтидарм адæммæ хæцæнгарзимæ чи æрбалæбурдта, уыдоы цавæр адæм уыдзысты? — лидзтæ-лидзын хъуы- ды кæны Заза. Æхст цæуы иу къаннæг æрдузы фалейæ. Адæм ли- дзынц уыцы æрдузыл. Æвæццæгæн сын искуы сæхи: бааууонгæнæн бынат ис æмæ уырдæм лидзынц. Æрду- 35
зы кæронмæ бахæццæ Заза. Ам адæм сæмтъер сты. Рæстæгæй-рæстæгмæ дзы иу кæнæ дыууæ алидзы. Чи дзы аирвæзы, кæй та æрбаййафы знаджы нæмыг. Зазайы бæргæ фæнды, цы хабар у, уымæй искæй ба- фæрсын, фæлæ кæй бафæрса. Йæ алыварс фосау æнæ- мбаргæ, æнæбон цдæм. Чи æхсы, уыдонæй искæй уæд- дæр куы фенид. Къутæрты ’хсæнты хæстæгдæр бабы- рыд æрдузы кæронмæ. Кæсы æмæ... Ау, фын уыны æви бынтон сæрра ис æмæ йæ цæстытыл, стæй йæ хъустыл дæр цыдæр диссаджы нывтæ уайы... Нæ, нæ. Уый нæ- дæр фын у, нæдæр йæ цæстытыл исты уайы. Уæртæ хъæдгæронæй фæхицæн Морис, уый Морис у æнæмæнг. йæ булкъдаст сæрæй йæ Заза арвы кæронмæ дæр равзардзæн ацы хъуынджын адæмы астæу, уымæн æмæ йын æй йæхæдæг пыддаста науы мидæг. Ахæм тахт фæкæны, цыма уæлдæфы сыстад. Уалынмæ та гæрах фæцыд. Морис йæ мидбынаты цъилау ныз- зылд æмæ дæлгоммæ йæ дза^хст фæцыд. Заза ис- дуг’ йæ цæстытæ ахгæдта, стæй фæкаст, æхст кæцæй фæцыд, уыцырдæм. Дынджыр тæрсбæласы цонгыл ба- ды... Горилла... Маймули. Йæ къухы топп æмæ дзы æхсы адæмы. Заза нæм бæстондæр ныккаст, зæгъгæ кæд мæм æнæуи афтар фæкаст, фæлæ нæ. Бады май- мули, йæ фæстаг дзæмбытæй фидар хæцы бæласы цон- гыл. Раздæгтæй хæцы топпыл. Адæймаг куы рацæйли- дзы, уæд та йæм ныхъхъавы æмæ йæ багæрах кæны. Зазамæ исдуг худæг фæкаст, маймули топпæй куыд рæвдз æхсы, уый. Цыма цирчы ис, афтæ фæхатыдта йæхи. Хъуамæ йæ хъæлæсы дзаг ныххудтаид, маймули затвор куыд фефтыдта æмæ нæмы-г куыд цырд асагъ- та лулæйы, уымæ кæсгæйæ, фæлæ гæрах куы фæцыд, æмæ та иу адæймаг куы ’рфæлдæхт, уæд йæ зонд фæ- хæццæйау. Адæм, æвæццæгæн, æгæр куы стыхстысты, уæд уы- 36
цы иу гуылф, фæкодтой æмæ æрдузы астæу февзæрдыс- гы. Маймули фæтыхст. Мигæнæн аифтындзынмæ нал фæцарæхст æмæ йын ауындзæгæй аззад. Уыцы уавæ- рæй спайда кодта Заза дæр. Тарст цъиуау фæпæррæст ласта. Налдæр æвæлтæрд къæхты рис æрхъуыды код~ та, налдæр фæллад. Уайтагъд адæмы бэрдзы æхсæн февзæрд. Хъæдмæ куы баирвæзт иугæр, уæд æнхъæлд- та, зæгъгæ цыр мын кæд ницыуал кæнид уыцы майму- ли, фæлæ дзæгъæлы... Адæмы бардз афтæ тæхы, цыма бындзытæ феста- дысты. Заза нал хаты йæ къæхты бын сыфтæртæ. Ли- дзы. Лидзы, фæлæ иу ран зæхх йæ къæхты быи фæта- сæгау кодта æмæ Заза дыууæ сылгоймаджимæ парæг арф уæрмы ныммидæг’. Бæргæ ма афæлвæрдтой схи- зыныл, фæлæ ницы. Цас фæуыдаиккой уæрмы, уый чи зоны, фæлæ иу- рæстæджы уæрмы былыл фæзынд фондз нæл горил- лайы. Цыдæргъуызон тæлыджын бæндæнтæ сæм ауа- гътой. Тæлытæ-иу сæхигъæдæй æрбатыхстысты адæй- маджы астæуыл. Афтæмæй сæ систой. Æндæр гориллатæ сын с.е ’фцджыты бæндæнтæ афтыдтой æмæ сæ сæ фæдыл нывонд фысты ласт акодтой. Иу ран хъæды кæрон лæууыдысты кæттагæй æмбæрзт уæзласæн машинæтæ. Уыдонæп сæ иуыл баппæрстой, Фæстейæ йæ ставд телæй хызбыд дуарæй бахгæдтой. Машинæйы гуыфæ йедзаг уыд фæллад æмæ тарст- гъуыз адæмæй. Заза уайтагъд æрхауд иу къуымы. Машинæтæ'Скуыстон æмæ араст сты. Заза клет- кæйæ кæсы, сæ фæстæ цы машинæ цæуы, уый каби- нæмæ,. Рулыл бады шимпанзе, йæ фарсмæ фæстæ- дзæг бады ацæргæ горилла. Иæ сæрыл цъæхбыи шля- пæ. Сау пиджачы бынæй зыны урс хæдон, йæ хъуы- рыл зынгхуыз галстук. «Гъе, уый дын космикон балц, Заза, — йæхинымæ- 37
ры-дзуры. — Хорз уацары куы бахаудтæ. Нæ, фæлæ мæгуырæг Морис. Иæ диссертацийы мæт ма кодта. Æвæццæгæн зæрдæ хатыдта йæ балцы фæстиуæг æмæ уымæн ныззивæг кодта фæстагмæ. Гъе, фæлæ Барон та цы фæцис? Ау, уый дæр амардаид?» — Ам æм фæзынд уыцы машинæйыл Бароны бацагурыны ’фæнд. Адæмы ’хсæнты иуцалдæр цыды акодта раз- мæ-фæстæмæ, фæлæ нæ разынд уым. Ех, — ныр батæхуды кодта Морисы хъысмæтмæ. Цы фæуыдзæ- нис? Цы ми йын кæндзысты ацы маймулитæ? Цавæр фыдæбæттæ йæм æнхъæлмæ кæсы? Машинæтæ æрлæууыдысты иу ран. Заза сыс- тад, клеткæйæ ракаст. Цавæрдæр хъæу. Машинæты .алывæрсты рауай-бауай кæнынц хорз арæзт май- мулиты лæппынтæ. Адæммæ æппарынц канфет- тæ, бананы кæрстытæ. Адæм сыл кæрæдзи куыд тонынц, уый сæм худæг кæсы. Машинæйæ рахизын кодтой адæмы. Бакодтой сæ бæрзонд æмбонды мидæ- гæй. Заза иу кæронмæ ацыд. Уым лæууыд бирæ май- мулитæ. Цы ми сын кæндзысты, уый йæм ардыгæй хуы- здæр зындзæн. Фæстаг хатт ма æрцыд иу машинæ. Иæ гуыффæйæ йын райстой бирæ адæмы мæрдтæ. Тæккæ сæ, Заза кæм лæууыд, уым æмбондгæрон рæгъæй ра- вæрдтой. Заза уайтагъд. ауыдта Морисы. Уый хуыс- сыд уæлгоммæ. Иæ цæнгтæ йæ фæрстæм æрхаудтой. Иæ цæстæнгас сабыр, æнæмæтгъуыз, цыма йæ хъысмæ- тæй стыр райгонд у. Зазамæ афтæ фæкаст, цыма йæуы- цы цæстæнгас мæстæй дæр мары, ома кæсыс, мæнæн мæ дзул лæвæрд фæцис, дæуæн та дæ фыдæбæттæ нырма нæдæр райдыдтой. Заза йæм кæсын нал фæ- рæзта æмæ йæ цæстæнгас азылдта, мæрдты ’хсæн агу- ры Бароны. Никуы йыл схæцыд йæ цæст. Уæд йæ зæр- Йæ чысыл барухс. Кæд ыл, зæгъгæ, фембæлин, уæд нын нæ кæуинаг хъысмæтыл иумæ сагъæскæнын æн- ,38
\ цо^дæр уыдзæн. Раст æм уыцы рæстæджы чидæр йæ та)ккæ -хъусы цурæй æрбадзырдта йæ номæй. Заза наём фæзылд æмæ йæ фырцинæй ныхъхъæр кæнынмæ бирæ нал бахъуыд. Иæ уæлхъус лæууыд Барон. Чы- сыл æддæдæр та лæууы Нагъуæ. Зазамæ афтæ фæ- каст, цыма сæ ам дæр хъахъхъæнгæ кæны æмæ йæм тызмæг цæстæй бакаст. — Уадз æй, Заза, — маймулитæй йæ куыд ничи фе- хъуса, афтæ ныллæг хъæлæсæй бадзырдта Барон. — Ныр нын уымæй ницыуал тас у, фæлæ ма ахæм æмби- сонд дæр искуы фехъуыстай. Маймулитæ адæмыл цуан кæнынц. — Уыдон æрдзы хынджылæггаг митæ сты, æвæц- цæгæн. Нæ, фæлæ дæм куыд кæсы, Барон, цы ми нын кæндзысты? -*- Æ’мæ сын цы бамбæрстæуа? Кæсыс, уæртæ уы- цы хытъынджын маумулитæм? Уыдон базар кæнынц мæрдтыл. Хæдæгай, Морис кæй амард, уый базыд- тай? — фæрсæджы каст-æм бакодта Барон. — Æ’рамонд Морис. — бахъынцъым кодта Заза, — уæртæ ма йæм бакæс. Нардæй йæ уыны уыцы оран- гутанг, æви йын цы ми кæны? — Мæрдты чи рауын- бауын кодта, уыцы тæнджын орангутанг уыцы рæс- тæджы ’рбахæццæ Морисмæ. Кæронмæ йын уынд куы фесты, уæд бацыд, æрдæбон шофер-шимпанзейы фарсмæ чи бадт, уыцы горилламæ. Иæ дзыппæй æх- ца систа. Радта йæм сæ, стæй мæрдты райдыдтой æн- дæр машинæмж калын, цæмæн сæ хъæудзысты, уый нæдæр Барон хаты, нæдæр Заза æмæ сæм æнцад кæ- сынц. Уыцы машинæ куы анкъуыст, уæд горилла иу тызмæг орангутангимæ бацыд кæртмæ. Райдыдта æвзарын адæмы. Йæ къухæй-иу кæмæ ацамыдта, уы- дон-иу кæдæмдæр акодтой æндæр гориллатæ. Акодтой Барон æмæ Нагъуæйы дæр. Заза тынг стыхст, Баро- 39
нæй та куы фæхицæн, уæд. Иуцалдæр хатты, цциа æнæнхъæлæджы, афтæ-иу февзæрд, Базел кæй хуы’дта горилла, уыцы орангутангы раз, фæлæ йæ уый хъуыды дæр не ’ркодта. Базел (фæстæдæр базыдта Заза уцй уæлдæр физиологийы институты директор профессор Базел кæй уыд) куы æвзæрста, адæмæй йæ чи хъуыд, уыдон, уæд та базаргæнæгмæ бацыд, мæрдты чи бал- хæдта, уыцы орангутанг. Уый æвзаргæ нæ кодта. Цы- дæриддæр ма дзы баззад, уыдон иу нарæг, дыууæбæр- зонд кауы астæу фæндагыл акодтой, иу вагоны сæ ба- тардтой. Уырдæм сын банантæ бакалдтой. Адæм сыл сæхи уыцы зыд цæф ныккодтой. Заза дзы иумæ дæр нæ февнæлдта, кæд ын тынг стонджы уыд, уæддæр. Маймулитæн æм сæхиау оæ хæринаг дæр æлгъаг зынд. Цас æмæ сæ цахæм бынæтты ластой, уымæн ни- цы базыдта Заза, фæлæ æппынфæстаг æрлæууыд по- езд, уырдæм сæм æрбакодтой машинæтæ. Гуыффæтæм сæ бакалдтой. Сæ алыварс лæууыдысты стыр нæл гориллатæ даргъ цыргъ бырынкъ лæдзджытимæ. Ис- чи-иу дзы агæпп кæнынмæ куы хъавыд, уæд та-иу æн фæрæхуыстой. Ластой сæ цавæрдæр стыр æмæ тынг аив арæзт горæты астæуты. Хæдзæрттæн сæ фылдæр фондз — дæс — фынддæс уæладзыгонтæ. Иу- уыл сау мраморæй арæзт. Уынгтæ фæтæн æмæ лæгъз, сæ кæрæтты егъау бæлæстæ. «Кæд ацы горæты май- мулитæ сарæзтой, уæд уыдон махмæ маймулитæй не сты. Уæд уыдон сты хæйрæджытæ». — Хъуыды кæны Заза. Æ’рталынг, афтæ сæ æркодтой иу ныллæг, фæлæ тынг дардыл зылд агъуыстмæ. Йæ алыварс бæрзонд æмбонд æртыхст. Заза дызæрдыг нал кодта, ай сæ сырддонмæ кæй æрластой, ууыл. Æцæг дæр афтæ ра- уад. Уайтагъд сæ къордтæ — къордтæй клеткæты фæ- мидæг кодтой. 40
«Еныр гъе, Заза, дæ раны дæ. — Цыдæргъуызоге æм хатт худæг фæкæсы йæ уавæр. — Ныр ацы сырд- доны хицау куы зонид, йæ сырдтимæ зæххон профес- сор кæй ис уый, уæд цинæй нæ мæлид. Æппæт май- мулитæ рады слæууиккой мæ уынынмæ». — Æ’хсæвы фæлладæй кæрæдзиуыл ныккалдысты адæм æмæ йу- уыл дæр, мæрдтау, ныффынæй сты. Райсомы сырд- тæм зилджытæ, гориллатæ æмæ шимпанзетæ ’рбахас- той егъау тæбæгъты цыдæр касгонд. Клеткæты сын сæ бавæрдтой. Заза ныр нал баурæдта йе ххормаг æмæ дзы бахордта. Æ<цæг хæрзад хæринаг уыд, кæд. маймулийы арæзт уыд, уæддæр. Зазайы нæма ферох сты мæрдтæ. Клеткæйы æд- диау сбадт æмæ йæ хъус дардта, чи зоны, зæгъ дзы исты бæрæг базонин. Æмæ æцæг базыдта. Домбæйт- тæ, бирæгътæ, стайтæ, рувæстæ, æрсытæ æмæ æндæр сырдтæ цы клеткæты уыдысты, уыдонмæ æрбахастой хæринаг голлæгты. Зазайæн йæ зæрдæйы тугтæ ны- тагъдысты, голлæгтæй исын куы райдыдтой адæйма- джы къæхтæ, къухтæ, фæрсчытæ, уæд. Иу сыл горил- ла голлагæй фелвæста булкъдаст сæр æмæ йæ бап- пæрста домбайы клеткæмæ. Уый йæ йæ раззаг дзæм- быты æхсæн акодта æмæ райдыдта æхсынын. Заза. базыдта Морисы сæр. Дæлгоммæ ныххауд æмæ, саби- йау, райдыдта сусæг куыд кæнын. Заза цалынмæ сырддоны уыд, уæдмæ йæм цардьт тырнындзинад ницæмæ уал уыд. Хорзæй ницæмæ уал æнхъæлмæ каст. Бадт клеткæйы. Исчи-иу сæм уынæг куы бацыд, уæд-иу, иннæ адæмау, уый дæр йæ цонг радаргъ кодта конфет, гъе иу бананы кæрдих райсыны ныфсæй, фæлæ йæ уæддæр физиологийы институты ди- ректор Базел иуцалдæр æпдæр адæймагимæ куы бал- хæдта æмæ сыл ам алыхуызон фæлварæнтæ аразын куы байдыдтой, стæй сæ царды уавæртæ дæр куы 4Г
фæхуыздæр сты, уæд та йæм æрæздæхт цардбæллон- дзинад. Ам æй бакодтой хицæн клеткæйы иу сыл- гоймагимæ (уайтагъд ыл ном сæвæрдтой Генриеттæ). Ныр æй хæргæхæрын иу армыдзаг касыл тох кæнын нал хъуыд уыйбæрц адæмимæ. Бахордтай-иу сабыр, стæй та-иу кæрæдзийы ныхъæбыс кодтой. Ам цалдæр уынды фæкодта Бароны дæр ног дзау- мæтты. Бæрæг уыд йæ дзырдарæхоты фæрцы та ам дæр кæй аирвæзт, фæлæ уый фæстæ цы фæцис? Зæх- мæ аздæхынæн æй хъуыд космикон нау. Уый ахæмтæн ницы зоны. Æ^ндæр хъуыддаг у Заза, уый куы асæри- бар уаид исчердæм ацы клеткæйæ. Кæд сæм заводтæ ис, уæд ын уырдæмыты’ сæрибарæй бацæуыны фадат куы фæуаид, уæд бæргæ сфæрæз кæнид нау/Æдпын- нæйæ сæхи нау æрцагурид æмæ уый уæддæр сцалцæг кæнид. Гъе, æмæ сындæггай райдыдта ацы стыр бæллицаг хъуыддагмæ фæндаг агурьш. IV. Бароны хъуыддаг фæрæстмæ, уæвгæйæ алыгъуызон æвзæгтæ ахуыр кæныныл афтæ зæрдиагæй кæй куыста, уый йын искуы ахæм стыр хъуыддаджы рабæздзæнис, зæгъгæ, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Цыбыр рæстæгмæ маймулиты æвзагыл гæзæмæты базыдта дзурын. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг бон- ты архайдта йæхи комкоммæ дæр иннæ адæмы хуы- эæн дарыныл. Уый та йæ уымæн хъуыд, цæмæй май- мулиты зæрдæйыуаг сахуыр кодтаид. Алкæуыл æууæн- дыдаид æмæ æндæр планетæйæ кæй у, маймулитæн сæхийау æмбаргæ кæй у, уый кæмæн фæнды дæр ра- хъæр кодтаид, уый йæ нæ фæндыд. 42
Гъе, æмæ фæзынд, кæй агуырдта, раст ахæм майму- ли — сыл шимпанзе. Йæ ном хуынд Гелиза. Уый ахæм хæларзæрдæ маймули уыд, (æмæ-йе ’сменæйы рæстæ- джы иунæг* адæймаджы дæр никуы бахъыгдардта. Фæлварæнтæ аразыны рæстæджы тынг зæрдиагæй ар- хайдта адæмæй искæмæ чысыл исты æнкъарынад уæд- дæр рахатыныл. Æмæ-иу уый йæ къухы куы бафтыд, уæд-иу, сывæллонау, цин кодта. Тынг арæх худт, фæл- варæнтæ кæуыл арæзта, уыдонмæ йæ мидбылты. Ба- рон уый размæ дæр ахуыр кодта Нагъуæйы мидбылты худын, кæуын, исты æнæнхъæлæджы уынæрæй фес- тъæлфын æмæ æндæр ахæмтыл. Ныр иугæр Гелизæйы бæллиц фæхатыдта, уæд фæтынгдæр кодта йæ куыст Нагъуæимæ (иу клеткæйы уыдысты сæ дыууæ). Кæй зæгъын æй хъæуы куыста сусæгæй. Æмæ йæ къухы æфтын байдыдта. Нагъуæмæ-иу йæ мидбылты куы ба- худт, уæд-иу йæ цæсгомыл мидбылхудт, хуры тынтау, атылд. Йæ цæстытæ-иу уыцы цинæнгас цæхæр акалд- той. Ахæм рæстæджы-иу йæхи нал баурæдта Барон æмæ-иу ын райдыдта пъатæ æмæ хъæбыстæ кæнын. Иу бон та уыд Гелизæйы рад. Нагъуæ æмæ Баро- ны бакæнын кодта фæлварæнтæ аразæн хатæнмæ. Иннæ зонадон кусджытæй-иу исчи ахæм фæлварæнтæ куы арæзта, уæд йæ цуры хъуамæ лæууыдаиккой хъахъхъæнæг нæл шимпанзетæ, сæ бырыичъыты цыргъ æфсæйнæгтæ къуырд кæмæн уыд, ахæм лæдзджыти- мæ. Чысыл ницæй тыххæй дæр уыдонæй рæхойын кодтой адæмы. . * Гелизæ-иу алыхатт дæр æддæмæ рарвыста уыцы шимпанзеты. Ныр дæр та бакодта афтæ. Барон æмæ Нагъуæ куыддæр къæсæрæй бахызтысты, афтæ сыстад. Дуар сæхгæдта. Къуыммæ бацыд. Иæ урс халаты дзыппæй систа рæгъæд банан æмæ сæм æй бадардта. Барон 43
лæууы æнцад. Нагъуæ фыццаг Баронмæ бакаст, стæй: бананмæ. Уый фæхатгæйæ Гелизæ йæ мидбылты ба- худт Нагъуæмæ æмæ йæм банан хæстæгдæр бахаста. Нагъуæйæн, æвæццæгæн, æхсызгон уыд уыцы рæвдау- гæ мидбыл худт. Уый дæр бахудт, куыд зыдта, ахæм зæрдиагæй æмæ райста банан. Уый фенгæйæ Гелизæ фыццаг фæджихау. Æвæццæгæн нæ баууæндыд, цы федта, ууыл æмæ ма йæ ноджы иухатт сфæлхатт код- та. Уæддæр та куы бахудт Нагъуæ, уæд æй Гелизæ фырцинæй ныхъхъæбыс кодта æмæ й^лн райдыдта йæ цъупп былтæй пъатæ кæнын. Барон сфæнд кодта, цы фæнды уа, уæддæр абон йæ хъуыддаг Гелизæйæн раргом кæнын. Нагъуæйыл цинтæгонд куы фæцис Гелизæ, уæд æм Барон хæс- тæгдæр балæууыд æмæ арæхстгай сдзырдта майму- лийы æвзагыл. — Дис мæм кæсы, Гелизæ, иннæ маймулиты хъау- джыдæр ацы æнамонд адæмыл афтæ кæй тыхсыс, уый. Гелизæйы дзæмбыйæ фыссæн сис æрхауд, йæ тып- пыр цæстытæ фæирд сты. Ризгæ хъæлæсæй сдзырдта. — Ды... ды мæм æцæг дзурыс, æви мæ мæ хъустæ сайынц? — Нæ, — йæ мидбылты бахудт Барон. — Цæмæн дæ сайынц дæ хъустæ? — Дуне скæнæг! Мæнæ цы уынын? — йæ бадæнæи сындæг йæхи систа тарстгъуызæй. Зыны йыл, чысыл исты, уæд фæдисы хъæр кæнын кæй райдайдзæн. — Дæ хорзæхæй, Гелизæ, тæр0гæ мæ ма кæн, уы- дзæн рæстæг æмæ дын æппæт дæр радзурдзынæн. — Йе ’рсабыркæныныл архайы Барон. — Нæ, нæ. йеныр мацы дзур. ^Куыддæр мæ зонд схæццæ. Фæлтау æндæр хатт. — Йæ фыссæнтæ афс- напдта лагъзы. Чысыл ма алæууыд. Æвæццæгæн цæ- мæй йæ хуыз йæхимæ æрцæуа, уып тыххæй, стæй 44
хъахъхъæнджытæм фæдзырдта. Куы сæ кодтой, уæд- дæр ма Барон аивæй иу каст фæкодта Гелизæмææмæ йын лæгъзтæгъуыз мидбылхудтæй бамбарын кодта, зæгъгæ дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн, ныр та уал дæ дзыхыл хæц. Иу бон залмæ æрбацыдысты, Базел кæй хуыдтой, уыцы тызмæг орангутанг, Гелизæ æмæ ма иу нæл шимпанзе. Дыууæ шимпанзейы Барониты клеткæйы- рдæм амонгæйæ цыдæр дзурынц орангутангæн. Уый йæхи куыд сæрæстыр дардта, уымæй æнцон рахатæн уыд, ацы зонадон уагдоны хистæр уый кæй у. Бирæ фæдзурыны фæстæ, Базел разыйы нысанæн йæ дзæм- бы ауыгъта æмæ ацыд. Гелизæйæн йæ цæсгомыл цы- дæр цинæнгас ,ахъазыд. Кæдæмдæр ма ауад. Чысыл фæстæдæр æрбаздæхт. Иæ къухы уыд бæндæн. Баро- ниты клеткæйы дуар бакодтай. Бæндæны иу кæрон бафтыдтой Бароны ’фцæджы, иннæйы та Нагъуæйы æфцæджы. — Гелизæ, дæ хорзæхæй, æвзæр фæнд мацы æры- мысут?— тарстхуызæй афарста Барон. — Тæрсгæ ма кæн. Ды загътай, зæгъгæ, уыдзæн рæстæг æмæ дын æппæт дæр радзурдзынæн. Гъе, æмæ мæнæ æрцыд уыцы рæстæг. — Барон нæл шимпанзе- м.æ дызæрдыджы каст куы кодта, уæд ма Гелизæ йæ ныхасмæ бафтыдта. — Ме ’фсымæр у. Профессор. Тæрсгæ дзы ма кæн. — Иттæг æхсызгон мын у, — фæцырд Барон æмæ йæм йæ къух бадардта: — Барон. — Ширма, — загъта май’мули дæр йæ ном. Маймулитæ сæ, æфсондзы ифтыгъд галтау, сæрбо- сæй кæй кæнынц, уый зын уыд Баронæн, фæлæ бых- ста. Бацыдысты иу чысыл хъæдмæ. Ширмаитæ йæ хуы- дтой парк. Барон æнхъæлдта, зæгъгæ парчы бæлæсты 45
бын бадæнтæ куыд нæ уыдзæн. Цæстæнгасæй дгургæ дæр кодта, фæлæ дзæгъæлы. Алы ран бæлæсты цæнг- тыл бадынц маймулитæ. Чи газет кæсы, чи чиныг, чи та æнæуи улæфы. Ширмаитæ иу бæласы бындзæфха- дыл æрбастой Барониты, сæхæдæг сгæппытæ кодтой æмæ къалиутыл биноныг æрбадтысты. — Дзур еныр, — загъта Гелиза. — Æрмæст æппæт дæр раст. — Барон лыстæггай фæдзырдта зæххыл цы цард. ис, уый тыххæй, стæй ардæм куыд æрбахауд, уыдæтты тыххæй дæр. Шимпанзетæ йæм хъусынц. Сæ дис æмæ сæ цинæн кæрон нæ арынц. Барон не ’мбары, йæ ног хæлæрттæ — шимпанзеты цин цæуыл у, уый. Иоты йын хинæйдзæг хъуыддаг аразынмæ рхъавыдысты мыййаг? Æмæ ахæм хæлар цæстæнгæсты фæстæ уыйбæрц хæрам зæрдæ куыд æмбæхсдзæнис? Ацы хъуыддаг нæ хицæн кодта йæ сæрæй клет- кæйы уæвгæйæ дæр. Ноджы цæйдæр зонадон советы кой кодтой Ширмаитæ. Цыдæр фарст ын цыма йæ разы æрывæрынмæ хъавыдысты. Хæйрæг сæ базонæд. Хатт адæймæгты хъуыды дæр зын рафæлгъауæн вæй- йы цæстæнгас æмæ иугай дæлгоммæ дзырдтæй, стæн маймулитæн чи цы бамбардзæнис? Иу бон та йæ Гелизæ фæлварæнтæ аразæн хатæн- мæ куы бакодта, уæд æм, рагон хæларау, æхсызгон худт бакодта. Иæ къух ын райста æмæ сдзырдта. — Арфæ дын кæнын, дæ хъуыддаг рæстмæ кæй ацыдис, уый тыххæй. — Куы нæ дæ æмбарын? — Дызæрдыджы каст æм кæны Барон. — Ме ’фсымæр Ширма Æнгæсы уæлдæр зонадон советы уæнгу. Советы раз æрæвæрдта фарст дæу клет- кæйæ ссæрибар кæнын æмæ дæ зонады фарстытæ 46
скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы спайда кæныньг тыххæй. — Æмæ дзы стæй цы рауадис? — Йæ зæрдæ фыр- цйн æмæ тасæй сгуыпп-гуыпп кодта. — Кæй зæгъын æй хъæуы, Æнгæсы царды дæргъ- вæтин æмæ хъæзныг истори кæй нæма зоны, ахæм хъуыддагыл маймулиты ахуыргæндты баууæндын кæ- нын æнцон нæ уыд. Фæлæ уæддæр сразы сты иу хъуыддагыл: рæхджы уыдзæн зонадон стыр æмбырд, Уым хъуамæ раныхас кæнай ды. Кæд дæ ныхæстæн зонадимæ исты иудзинад уа æмæ фæцæуой зонадон советы уæнгты зæрдæмæ, уæд гæнæн ис æмæ ссæри- бар уай клеткæйæ... Мькййаг ын æй æнæгъдау мийыл куы банымайа Гелизæ, æндæра йын йæ фыдуынд хæмхудтæ дæр нал бафаудтаид æмæ йыл нытыхстаид, райдыдтаид ын пъатæ кæнын йæ лæгъзхъуын уадултæн. ■ — Уæддæр оæйрагæй дзырд цæуыл цæудзæнис уы- цы æмбырды? — Йе ’муд куы ’рцыдис, уæд æй ба- фарста. — Сæйраг фарст уыдзæн маймулиты равзæрды тыххæй. Сымахмæ, ды куыд дзурыс, афтæмæй, май- мулитæ нæ, фæлæ кæд адæм сты зондджын æмæ раз- мæдзыд, уæд сын хъуамæ ахуыргæндтæ кусиккой сæ равзæрды историйыл... — Махмæ алы скъолайы кары саби дæр зоны, адæм маймулитæй кæй равзæрдысты æмæ маймулитæ адæмы рагон фыдæлтæ кæй сты. — Уæдæ махмæ маймулиты равзæрды тыххæй ис цалдæр цæстæнгасы. Орангутангтæ, сæ сæргъ лæууæг ацы институты ректор, зонæдты академийы вице пре- зидент Базел, нымайынц, зæгъгæ, маймулитæн сæ рав- зæрдмæ гæсгæ адæмимæ ницы иудзинад ис. Æндæр цæстæнгасыл хæст сты, шимпанзетæ æмæ гориллæтæй 4?
ды стæм ахуыргæндтæ ис, уыдон. Уыдон зæгъынц, зæгъгæ, маймулитæ равзæрдысты адæмæи. Фæстæдæр ■фæзынд æндæр цæстæнгас. Уый автор у ме ’фсымæр профессор Ширма. Ис ын æрмæст иу фарсхæцæг. Уый та у ,йæ хо, биологион зонæдты кандидат Гелизæ. — Æфсæрмы худт бакодта Гелизæ. — Æмæ цавæр цæстæнгас у уый та? — бацымыдис кодта Барон. — Мах иу зонадон-археологон экспедицийы рæс- тæджы ссардтам тынг рагон горæты хæлддзаг. Бирæ дзы уыд цыргъагæй, стæй æхсæнгарзæй алы рæтты цæфтæ стæгдартæ. Уый нысан кæны æмæ ацы горæт сæфтмæ хæсты фæстиуæгæн кæй æрцыд. Уый- бæрц бирæ мæрдты ’хсæн иу дæр нæ разынд майму- литы стæгдар. Бирæ дзы уыд маймулиты царды исто- ри кæй нæ зоны, ахæм хæцæнгæрзтæ æмæ хæдзарон мигæнæнтæ. Уый ууыл дзуры, æмæ Æнгæсы уæды æмбаргæ æмæ размæдзыд цардæнгæстæ уыдысты адæм. Орангутангтæ ацы фарсты скойкæнын дæр нæ уадзынц. Ныр дæ ныхас уыцы стыр æмбырды стыр яхъаз хъуамæ фæуа æз æмæ Ширмайы цæстæнгас зо- надон æгъдауæй бæстондæр бафидаркæнынæн. Гелиза йæ сахатмæ æркаст. Æгæр бирæ рæстæг кæй бахарз кодта адонимæ, уый фæхатыдта æмæ ба- тагъд кодта сæ арвитыныл, цæмæй йыл мачи мацы фæдызæрдыг уа, ома мачи зæгъа, зæгъгæ, æмбырды цытæ хъуамæ дзура, уыдон ын амоны. Кæй зæгъын æй хъæуы æмбырды раныхас кæныны фаг хорз нæма зоны Барон маймулиты æвзаг, фæлæ йæ уый афтæ тынг нæ тыхсын кæны. Гелиза йын ба- ныфс æвæрдта кæсын æмæ фыссын бацамонынæй. — Нырма афтæ тагъд нæ уыдзæн уыцы æмбырд, — д’зырдта йын иу бон. — Кæсын æмæ фыссын куы ба- зонай, уæд дын æрбахæсдзынæн алыгъуызон дзыр- 48
дуæттæ. Мæ рад куы уа, уæд-иу баддзынæ ам æмæ иумæ ахуыр кæндзыстæм æвзаг. Ныр ма йæ тыхсын кодта, æрмæст уыцы стыр ахуыргонд маймулиты размæ бæгънæгæй куыд ра- цæудзæн, уыцы хъуыддаг. Æмæ Ширмайæн куы ской кодта, уæд уьвй дæр исдуг фæджихау. — Адæймаг дзаумæтты мидæг. — Иæхицæн дзурæ- гау сыбар-сыбур кæны. — Уый стыр диссаг уыдзæнис. — Мæнмæ гæсгæ уым диссагæй ницы ис. Сымах... — «Сымах гæлиртæ уæнгтыл хуыд дзаумæттæ мæ рæхс- наг уæнгтыл не сфидаудзысты», зæгъгæ хъуамæ загъ- таид, фæлæ уымæй Ширмайы кæй бафхæрдзæн, уый фæхъуыды кодта æмæ фæзылдта йæ ныхас, — сымах рæсугъд уæнгтыл хуыд дзаумæттæ мæ фыдуынд уæн- гтыл не ’сбаддзысты, фæлæ мæ бакæн дзæбæх хуы- йæгмæ. Æз ын амондзынæн, адæймаджы дзаумæттæ куыд хуыйын хъæуы, уый. Фæстагмæ йæхимæ дæр куыддæр аив нал фæкаст Ширмайæн бæгънæг лæджы зонадон стыр æмбырды размæ ракæнын, æмæ сразы Баронимæ... Зонадон æмбырдтæ уадзынæн уыд сæрмагонд гал- уан. Æддейæ бакæсгæйае ницы уадиссаг цæсты ахадгæ уыд, фæлæ мидæгæй йæ рæсугъддзинæдтæ æххæстæн фенынæн иу къуыри дæр не ’сфаг уыдаид Баронæн. - Залы бандæтты бæсты уыд ставд бындзæфхадджын ныллæг, пæлæхсар бæлæстæ. Рæстæг кæд зымæг уыд (æниу планетæ Æнгæсыл мит нæ уары. Æрм-æст сур уазал цы фæвæййы, уый йедтæмæ), уæддæр ацы бæ- лæстæ уыдысты дидинæфтыд. Сæ къалиутыл бадтыс- ты бæстæппæт маймулитæ. Къæлæтджын бандæттæ дзы уыд æрмæст иу -аив фæлыст къуымы. Уым æндæр маймулитимæ бадтысты Ширма æмæ Базел. Уымæй Барон базыдта, уыдон зонадон советы уæнгтæ кæй уыдзысты. 4. Къæбысты 3. 49
Сæрдариуæггæнæг стæвдтæ фыдуынд конд горилла кафедрамæ бацыд. Микрофонмæ йæ хæмхудтæ хæс- тæг бакодта <æмæ хъæрæй райдыдта дзурын: — Зынаргъ æмбæлттæ, Æнгæсы зонады цытджын минæвæрттæ1 Ныртæккæ уæ разы ныхас кæндзæнис адæймаг. Зонады ахсджиаг фарстытæ скъуыддзаг кæ- цæй цæуынц, уыцы’кафдерæйæ адæймаджы фыдуынд хъæлæс кæй хъуысдзæн, уый тынг аив нæу, чи зоны^ фæлæ æппæт дæр хъысмæтæй аразгæ у æмæ быхсут. Баронмæ фыны хуызæн кæсы, æппæт йæ алыварс цы цæуы, уый. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, зæххыл ма куы цард, уæд сырддонты цы маймулитæ федта, уы- дон. Ныххудынмæ дæр æй бирæ нал хъуыд, фæлæ йæм уæдмæ сæрдариуæггæнæг горилла баздæхт. — Нæл адæймаг, мæнæ уый хуыйны микрофон. Уырдæм куы дзурай, уæд дæ ацы залы уæвæг майму- литæ иууылдæр хъусдзысты. — Йæхæдæг иуварс азылд. | |, ...Куыд æнхъæл нæ уыд, афтæ аив рауад йæ ныхас Баронæн. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу бакаст Ширмамæ. Кæд-иу йæ цæстæнгас райдзаст уыд, уæд зыдта хорз кæй дзуры, уый æмæ та-иу ноджы зæрдиагдæрæй райдыдта. Куы фæцис ныхас, уæд æй æндæр хатæнмæ арвыс- той. Уым ын йæ дзаумæттæ раластой æмæ йæ акод- той йæ клеткæмæ. Куыд фæкаст йæ ныхас æмбырдьг уæвджытæм æмæ йын цы тæрхон рахæсдзысты, уый нæ зоны, фæлæ йын ныхаскæныны фадат кæй фæцис æмæ фыдуаг орангутангтæн сæ мæнг зонадон хац- цæгтæ хурмæ кæй ракалдта, уый дæр йæхицæн стыр æнтыстыл нымайы. Изæры йæм æрбацыд Ширма, йæ дæларм газеты егъау тыхтон, афтæмæй. — Арфæ дын кæнын, Барон, дæ хъуыддаг кæй фæ- 50
рæстмæ, уый тыххæй.—Иæ къух ын зæрдиаг æл- хъывд ныккодта йæ дзæмбыйы, — Дзур тагъддæр, цы ныхас уæм уыд мæ фæс~ тæ, — быхсын нал фæрæзта Барон. — Хъаугъа дзы егъау уыд, фæлæ дæ пайдайæн ахицæн. Æцæг дæм æдзух цæстдард уыдзæн, фæлæ уый ницы кæны. — Æмæ ныр. куыд? — Мæнæ дæ дзаумæттæ. Скæн сæ æмæ махмæ цæу- гæ. Гвлиза разæй ацыд. Хъуамæ дын иу уат бафснайа æмæ уал уым цæрдзынæ. — Уый хорз у. Уæ дыууæйæ бузныг, фæлæ Нагъ- уæйæн та цы бакæнæм? Кæсыс, тагъд ын хъуамæ уа сывæллон. Уый уыдзæн мæ сывæллон. Куыд æй ныут уадзон ам? — Гъе, уый хъуыддаг! — йæ сæр катайгæнæджы тылд бакодта Ширма. — Базел дæу тыххæй дæр йæ сæрмæ марæн кæрдтæ хаста. Ныр ма уый куы базо- на, уæд бынтон сæрра уыдзæн. — Уæд мæнæн д’æр нæй цæуæн. Куыд ныууадзону рæхджы фыд кæй руаджы хъуамæ бауон, уыцы сыл- гоймаджы иунæгæй? — фидарæй загъта Барон. — Уыцы хъуыддаджы нæ Гелизæйы сæр хъæуы. — Иудзæвгар фæхъуыдыйы фæстæ сдзырдта Ширма. — Æнхъæл дæн æмæ, æнæфæразгæ чи вæййы, уыцы сыл- гоймæгты цыдæр æндæр уагдонмæ акæнынц. Чи зоны уырдыгæй Гелиза исты сфæрæз кæнид... Уыцы бон нæ ракуымдта Барон дæр. Дыккаг бон институты зонадон кусджытæй радгæс уыд Гелиза. Нагъуæйæн кæд афон нæма уыд, уæддæр æй афыста гуырæн хæдзармæ. Иæхæдæг ацыдис йемæ дæр. Гуы- рæн хæдзары директор уыд шимпанзе. Гелиза йын хъуыддаг куы бамбарын кодта, уæд исдуг дызæрдыг кодта, фæлæ стæй сразы уыцы сыл адæймаджы Ге- 51
лизæйæн, адæймаджы аргъ æнæуи циу, уымæй дывæр фылдæрыл ауæй кæныныл. Нагъуæ тынг зынæй сахуыр дзаумæттæ æмæ фæл- мæн хуыссæнтыл. Цалдæр хатты йæ къаба ныскъуыд- тæ кодта, фæлæ та-иу ын ног бахуыдтой. Иу мæйы фæстæ йын райгуырд фырт. Бароны фæндонмæ гæсгæ Ширма æмæ Гелизæ фæхуыдтой сæ хæлæртты æмæ скодтой номæвæрæн куывд планетæ Æнгæсыл хъарм хуыссæнты фыццаг хатт райгуырæг лæппуйæн. Иæ ном ын схуыдта сæ æмбæлццоны цы- тæн Морис. Ширмайы куырдиатмæ гæсгæ Барон ныффыста стыр куыст, зæххон ахуыргæндтæ адæймаджы равзæр- ды тыххæй цы хъуыды кæнынц, маймулитæ, адæйма- джы рагон фыдæлтæ миллионгай азтæ фæстейæ цæмæ гæсгæ баззадысты, уыдæтты фæдыл. Ширма йæ зона- дон советмæ радта бакæсынмæ, стæй фарст æрæвæрд- та йæ ныммыхуыркæныны тыххæй. Ширма æмæ Гелиза цас тынгдæр лæггад кодтой Баронæн, уыйас тынгдæр мысыд йæ райгуырæн зæх- хы, адæмы, сырддонмæ бацыд, Зазайы ма уæддæр фе- ныны ныфсæй. Директор ын загъта, зæгъгæ йæ физи- ологийы уæлдæр институты директор Базел балхæдта. Бацыд институтмæ дæр, иу нæ, фæлæ цалдæр хатты., Агуырдта йæ, фæлæ йæ хæйрæг ссарæд уыцы æмхуы- зон æфхæрд хъуынджын адæмы ’хсæн. Лæгъстæ байдыдта Ширмайæн, цæмæй йын бах- хуыс кæна сæ науы хæлддзаг ссарын æмæ йæ сцалцæг кæнынæн. Иуцалдæр хатты йæм цæугæ дæр акодтой зонадон экспедицийы æфсон, фæлæ ницы сæ къухты бафтыд. Уайтагъд-иу сыл уыцы тызмæг адæм æрæмбырд сты. ХЪæрахст-иу ’систой, æмæ та-иу уыдон дæр раздæх- тысты. Баронæн бынтон йæ ныфс асаст æмæ-иу æй 52
хатт скæуынмæ дæр бирæ нал хъуыд. Уæлдайдæр та, йæ фырт куыд стыр кодта, афтæ тынгдæр райдыд- та катай кæнын. «Куыд цæрдзæн? Дæ цæрæнбонты дæм, сæхæдæг æлгъаг чи сты, уыцы маймулитæ сырдьг цæстæй кæсæнт». Ширма æмæ Гелиза тьгнг тæригъæд кодтой Баро- нæн. Арæх-иу хибарæй тæрхон кодтой, цы ’гъдауæй йын баххуыс кæной, ууыл, фæлæ ницы рымысын фæ- рæзтой. Иу бон сæм æрбацыд уазæгуаты сæ мады '(Ьсымæр ацæргæ шимпанзе. Ширма раздæр дæр зыдта, уый космос сгарæн станцæйы хистæрæй кæй кусы, фæлæ ныры онг йæ хъуыдыйы ницы ’рцыд. — Цы ис ногæй уæ куысты? — сихоры фынгыл æй бафарста Ширма. — Сгарæм космосы. Рæхджы хъуамæ ауадзæм иу- уыл æххæстдæр космикон нау, уымæн иннæ науты хъауджыдæр ис, кæдæм дæ фæнда, уыцырдæм скъæ- рæн, кæм дæ фæнда, уым æрбадынгæнæн. — Уый æцæг диссаг у. Афтæ фехъуыстон, цыма, йын йæ бортыл цæрæгойтæ сæвæрынмæ хъавут? — бацымыдис кодта Ширма. — Уый раст у. Æнæуæлдæф тыгъдады удæгас цæ- рæгой йæхи куыд хаты, уый тыххæп дзы хъуамæ сба- дын кæнæм сыл, нæл æмæ лæппын адæймæгтæ. — Гъе, уый хъуыддаг, — арф ныхъхъуыды кодта Ширма, стæй ма бафарста. — Зæгъæм уыцы нау кос- мосы æбæрæг сæфт фæкодта, уæд дæуæн исты тас уаид? — Афтæ арæзт у æмæ йын фесæфæн нæй. Йæ балц- вæндаг нымад у. Кæд æмæ кæм хъуамæ æрабада, уый дæр бæлвырд у. — Уæддæр æнæнхъæлæджы хабар вæййы. — Мæнæн та цы тас уыдзæн, фæлæ уый тыххæГг 53
науы хъуамæ бада æмбаргæ исчи, цæмæй йын йе скъæрын зона. Уым та баддзысты адæймæгтæ. Æцæг цалдæр азы семæ кусынц сæрмагонд маймулитæ. Алы- гъуызон фæлтæрæнтæ сын аразын кæнынц, фæлæ... Ацы ран Ширма ныхас æрыфтыдта уыцы адæй- мæгты ивддзаг Барониты сбадын кæнын науы, æмæ уыдон та Барониты бынатмæ æрбакæныныл. — Уæддæр Базел зæрдиагæй архацы, цæмæй сæ бакæной сæрмагонд хатæны æмæ зонадон æгъдауæй раиртасой Бароны сæры магъзы сконд. Æнæмæнг ын исты фыдбылыз сараздзысты æмæ уадз космос сга- рыны иу чысыл «рæдыд» æрцæуæд. Уый хыгъд мах баххуыс кæндзыстæм ахæм хорз адæймагæн. — Куы йæ базоной йæ хуызæй? — дызæрдыджы каст æм бакодта уазæг. — Адæймаг адæймаг у. — З’агъта Ширма æмæ та афарста.— Дзаумæттæ дарыныл фæлтæрд не сты дæ «космонавттæ»? — Сты — фыццаг бонæй фæстæмæ дарынц дзаума. — Уый ноджы хуыздæр. Мæ уазджыты дарæс сыл скæндзыстæм æмæ сæ æппындæр ничи б.азондзæн. ...Бароны зæххыл сæмбæлынæй кæд фидар ныфс нæ уыд, уæддæр фырцинæй нал зыдта, йæ ирвæзын- гæнджытæн • куыд раарфæ кæна, уый. Куыддæр нау æнæуæлдæф тыгъдадмæ схæццæ, афтæ райдыдта, чер- дæм æй фæндыд, уыцырдæм здæхæг механизм кусын кæнын. (Ширмайы мады ’фсымæр ын æрбахаста на- уы схемæ æмæ йæ хорз сахуыр кодта). V. Зиптуны фæлмæн тынтæ рæвдауынц Æнгæсы рæ- сугъд æрдзы. Æнгæсы планетæйы сæйраг горæт Си- 54
<беры уæрæх уынгты хæрзфæлыст маймулитæ дыу- уæрдæм лекка кæнынц. Зонгæтæ сыл куы фембæлынц, уаёд сæ хъуынджын дзæмбытæй сæ цилиндыртæм фев- .на)шнц. Сæрæй сæ чысыл фæхицæн кæнынц. Сæ фыдуынд хæмхудтæй ралæмарынц саламы дзырдтæ, &мæ та цыбыр къахдзæфтæй сæ фæндаг адарддæр кæнынц. Сибер Æнгæсы цивилизацийы артдзæст у. Ам сты зонад, технцкæ, литературæ æмæ аивады иууыл егъау- дæр суадæттæ. Æнæхъæн Æнгæсы алы къуымтæм зонадон кусджытæ æрвыст цæуынц ардыгæй^ дæсны<- ’йад райсынц Сиберы университеты. Фæлæ Сибер иууыл зындгонддæр у биологион зо- нады бындурæвæрæг шимпанзе Замбизы номыл уæл- дæр физиологийы институтæй. Ацы институтæн ныр цалдæр азы къухдариуæг кæны ’биологион зонæдты академийы вице президент •орангутанг Базел. Институты зонадон кусджыты къухты фæстаг рæстæджы бафтыд стыр æнтыстытæ. Адæймæгтыл цы вазыгджын фæлварæнтæ байдыдтой аразын, уыдонæн ис егъау зонадон ахадындзинад. Базелы зæрдæ нæ рухс кæны æрмæст иу хъуыдда- гæй-: зонадон кусджыты сæйраг хай сты орангутангтæ, •фæлæ дзы иуы къухы дæр зынгæ æнтыстытæ не ’фты. Шинпанзетæй чи фесгуыхы, уый дунейы дисыл баф- тауы йæ фидар зондæй. Гориллатыл та дзурæн дæр нæй. Зивæггæнаг, æдылы къоппатæ. Сæ иууыл стыр- дæр хæсыл нымайынц топпимæ хъæдты адæмы фæ-. дыл цуанкæнын. Æмæ цы федтой уыцы ницæйаг сырд- тыл цуанкæнынæй, уый бæрæг сын нæй. Æцæг инсти- туты сæйраг хæс адæмыл фæлварæнтæ аразын у, фæлæ æнæхъæн мыггагæй æрмæст уыцы иу хъуыдда- тыл ныххæц, уæд цас аив у? Афтæ куы уа, уæд ын иурæстæджы йæхи дæр рарæцугъдзысты. Ныридæгæн 55
дæр иу æмæ дыууæ хатты куы нæ феппæлынц шим/ панзе Ширмайы стыр зонадон æнтыстытæй. Нырм;а хæрзæвзонг, афтæмæй профессор, æдас нæу, Базелы къæлæтджыныл куы ’рбада, уымæй. — Куыд дæм кæсы, Боро, ацы ^æмбырды мæ хъуыддаг атулдзæн? — институты цы кæстæр зонадон кусæг орангутанг уыд, уымæ фæдзырдта йæ кабинет- мæ æмæ йæ бафарста. Боро йæ цыргъ мукъу дызæр- дыджы тылд кæны. Иæ тъæпæн фындзы рагъ ныхы. Зыны йыл, йæ хицауы раз царвау атайыныл дæр разы кæй у. — Цы фыдбылызтæ йæ æрхастой? — Хъуыр-хъуыр кæны. — Дæхи аххос дæр уыдис, æмбал Базел... — Ома? — йæ хъуынджын æрфгуытæ фелхынцъ- кодта Базел. — Куыддæр ыл фæдызæрдыг дæ, афтæ мын æй* хъуамæ мæ кусæн хатæны фæмидæг кодтаис. Йæ сæ- ры магъзы иу хай йын фелвæстаин æмæ иннæ адæмæп гуылмыздæр фестадаид. — Йæ дзæмбытæ æртхъирæн- гæнæджы тылд кæны. — Уый дæр раст у, фæлæ цæмæй хæйрæг уыдтæн. Æз æй æнхъæлдтон кæцыдæр институтæй хорз бакуы- сты фæстæ чи ралыгъд, ахæм. Æниу уыцы хъуыдыйыл æххæстæй мæ къух нæма систон. Ныр æй мæхæдæг хъуамæ бафæлварон, кæд мæ фæнд атула, уæд. Æз. æнхъæл дæн æмæ уый сæры рæстæгмæ, æрдзы чи нæ- ма уыд, ахæм фæзынд у. — Æмæ дзургæ та?_ — Уый диссаг нæу. Папугай маргъ у, фæлæ цы фе- хъуса, уый фæлхат кæны. Адæмы ’хсæн дæр гæнæн ис æмæ уа, æнæ æмбаргæйæ дзырдтæ чи фæлхат кæны, ахæмтæ. 1 — Йæ лæппыны йын рæстæгыл фæдæлзæх хъæуьь — Ныллыг кодта Боро. 56
— Ацы стыр æмбырд сæрмагонд уый тыххæй уы- дзæн. Ей, джиди! — йæ дэендæгты къæс-юьæс ссыд Ба- зелæн. Иæ бынатæй сыстад æмæ дыууæрдæм цæуы. Ба- зел æмæ Боро ацы хъуыддагыл куы ныхас кодтой, уæд радио фехъусын кодта, Сиберы стыр æмæ цивили- зацигонд маймулимыггаджы дис æмæ тасыл чи баф- тыдта, ахæм хабар. «Сиберы космикон станцæй ауагъ- дæуыд Æнгæсы аразгæ æм’бæлццон. Иæ бортыл сты нæл, сыл æмæ лæппын адæймæгтæ». Базел арф хъуыдыты адзæгъæл... Боро йæ фæсхъус ныхы. VI. Стыр æмбырд стæм æмæ ахсджиаг цау вæййы Æн- гæсы бæстæйы зонады историйы. Уым лыг фæцæуынц, фæстаг рæстæджы зонады къухы ’цы æнтыстытæ баф- тыд, уыцы фарстытæ. Уыцы боны æмбырдмæ уæлдай зæрдиагдæрæй цыдысты канд зонадон кусджытæ нæ, фæлæ зонадимæ æщшн кæмæн ницы иудзинад ис, уыцы маймулитæ дæр. Мæнæй ма! Ам ныхас цæудзæн, Æнгæсы бæстæйы фыццаг хатт чи фембæлд, ахæм цауыл. Æгæрстæмæй легендæты, стæй маймулитæм фыссынад куы нæма фæзынд, уæдæй цы дзыхæй дзур- гæ маймулион сфæлдыстад баззад, уым дæр никуы ис ахæм цау æмæ адæймаг дзыхæй дзура. Адæйма- джы сæры магъз хъуыды кæнын фæраза. Нæ, уый Æнгæсы маймулийы царды историйы у иууыл стырдæр, æмæ уыимæ баууæндæн зынæй кæ- уыл ис, ахæм цау. Тынг егъау зал байдзаг маймулитæй. Бæлæсты къалиутыл бынат дæр нал ис æмæ сæ бындзæфхæд- тыл банцой кодтой. I 57
Иууыл стырдæр ахуыргæндты хъæзныг фæлыст къуымы дæр мыды бындзыты æвзæнау сгуцъула сты бæсты* æппæт маймулитæ. Зонадон советы уæнгты ма равзарæн ис сæ дæргъытæ хæлæфтæ æмæ сæнт сау къандзæлттæй. Сæ риутыл, кæмæн цы зонадон ном ис, уый нысан. Уым иунæг горилла дæр нæй. Сæ фыл- дæр сты орангутангтæ. Ис дзы цалдæр шимпанзейы. Фæлæ зонадон нысæнттæ кæи риутыл ис, уыдон ны- мæцы та шимпанзетæ сты фылдæр... Уый хыгъд залы зынæн бынаты, кафедрæмæ хæс- тæг нывæфтыд къæлæтджын бандоныл бады фидæрт- тæ конд горилла. Уый у æмбырдæн сæрдариуæггæнæг. Иæ рæсыд цæстытæ зыдæй зилынц залы къуымты. Зал куы ’рсабыр æмæ дуаргæс дуæрттæ куы ’рбах- гæдта, уæд сæрдариуæггæнæг горилла сыстад. Бацыд кафедрæйы цурмæ. Йæ мидбынаты ма сындæггай иу зылд æркодта. Иæ цæст ахаста залы бадæг маймули- тыл. Фæстаг хатт йæ цæстæнгас æрурæдта, зонадон совет цы къуымы бады, уым. Уыдон кæрæдзимæ ба- кæстытæ кодтой. Цæстæнгасæй баныхас кодтой, стæй сæ сæртæ разыйы тылд бакодтой. Уый уыд æмбырд райдайыны нысан. Сæрдариуæггæнæг бæрзонд схæ- цыд микрофоныл. Бахуыфыд дзы, стæй сдзырдта: — Зынаргъ уæздæттæ, маймулитæ! Абон ацы стыр залмэа æрæмбырд стæм, Æнгæсы планетæйыл незама- нæй фæстæмæ цы нæма фехъуыстæуыд, ахæм фарст аскъуыддзаг кæнынмæ. Бар мын радтут, цæмæй æм- бырд банымайон гомыл. Залы къултæ ныцарыдтой сæртæг дзæмбы-мдзæгъ- дæй. Æмдзæгъд куы ныссабыр, уæд сæрдариуæггæ- нæг ныхасы бар радта уæлдæр физиологийы институ- ты къухдариуæггæнæг Базелæн. 1 Ногæй та ныцарыдта дзæмбы-мдзæгъд. Цалынмæ Базел кафедрæмæ цæуа æмæ æппæт докладгæнджытæ 58
дæр ныхасрайдайыны агъонмæсæхи уæлæмхас куыд фæцæттæ кæнынц, уыдæттæ араза, уæдмæ уал мæ зæ- гъын феенды, зонадимæ æппындæр кæмæн ницы иудзи- над ис, уыцы горилла ахæм стыр æмбырдæн къухда- риуæггæнæгæй æвзæрст цæмæн æрцыд, уый тыххæй. Маймулиты историйы рагæй фæстæмæ иууыл тых- джындæр мыггагыл нымад цыдысты гориллатæ. Æн- гæсы планетæйыл æппæт хъæзныгдзинæдтæ иууылдæр уыдысты уыдон къухы. Орангутангтæ æмæ шимпан- зетæ уыдысты уыдонæн лæггадгæнæг. Уыцы хъуыддаг гориллаты къухы æфтыд сæ хъомысджын физикон тыхы руаджы. Фæлæ фæстагмæ сæ зонд æмæ арæхстдзинады фаерцы хицауад райстой орангутангтæ æмæ шимпан- зетæ. Гориллатæн ма ныр баззад адæмыл цуан кæнын, полицийы куыст æмæ æндæр, физикон тых бирæ кæм хъæуы, ахæм хъуыддæгтæ. Ацы хъуыддагыл кæд зонадон куыст бакæнын, зо- надон æгъдауæй йæ рафæлгъауын никæй фæнды, уæд- дæр æй <алчи дæр зоны, уый цивилизацийы, зонад æмæ техникæйы тагъд рæзты аххос кæй у. Гориллатæ рагæй фæстæмæ нæ фæцайдагъ сты исты хъуыддаджы сæхи фæлмæцын кæныныл, уæлдай дæр та ахуырыл. Раздæр-иу зонадон стыр æмбырдты сæрдар æвзæрс- той æргом хъæлæсæй. Афтæмæй-иу сæрдариуæггæнæ- джы бынат бацахста зонадон кусæг. Уый та, кæй зæ- гъын æй хъæуы, хъуамæ уыдаид кæнæ орангутанг (арæхдæр), кæнæ та шимпанзе. Зонады исты фарст скъуыддзаггæнгæйæ-иу сæм .арæх рауад хъаугъа. Хъæлæс æппаргæйæ-иу сæрдар -кæддæриддæр хæцыд йæхи мыггаджы фарс. Раст-иу нæ банымлдта хъæлæстæ. Афтæмæй-иу арæх æмбырд •фехæлд æнæ исты хаццæгмæ ’рцæугæйæ. Ахæм цаутæ æгæр куы сарæх сты, уæд зонады 59
бæрзæндтæм схизæг дыууæ маймулион мыггаджы ба- фидыдтой æртыккаг, фæстæзаддæр мыггаджы æхсæ- ниуæджы уавæрæн спайда кæныныл. Афтæмæй фæс- таг азты ахæм æмбырдтæн сæрдарæй кæддæриддæр æвзæрст æрцæуы горилла. Нæ фæрæдыдысты: горил- ла-сæрдар алыхатт дæр æмбырд фæуадзы раст. VII. — Цытджын сæрдар! Хæларзæрдæ гориллатæ! Зондджын орангутангтæ! Стыр зæрдæйы хицау шимпанзетæ! О, дунейы мидæг зонд æмæ буары скондæй иууыл æххæстдæр сфæлдисæггаг маймулитæ! Афтæ райдыдта йæ доклад Базел. Кæй зæгъын æГг хъæуы Базелы хæрам зæрдæйæн æнцон нæу уый хуы- зæн бæрзонд ныхæстæ дзурын гориллатæ æмæ шим- панзеты тыххæй. Фæлæ доклады ахæм бацæуæн май- мулитæм баззад историон рагон рæстæгæй. Базел цал- дæр хатты фæндон бахаста йæ аивыны тыххæй, цæмæй доклады бацæуæн арæзт цæуа, докладгæнæджьг куыд фæнды, афтæ. Абоны онг дæр нæма ацыд ,йæ фæндон, æмæ та абон дæр йæ фыдуынд мукъу æлгъ- гæнæджы æнцъылдтытæгæнгæ сдзырдта йе нæуыноп ныхæстæ. — Мах абон ацы залы æрæмбырд стæм, — дзуры дарддæр, — Æнгæсы зонад æмæ техникæйы къухы та стыр æнтыст куы бафтыд, ахæм рæстæджы. Ныр фæндзæм бон æнтысгæйæ тæхы Æнгæсы аразгæ æм- бæлццон. Нырмæ цы æмбæлццæттæ ауагъд æрцыд космоГсмæ, уыдон уæлдай ацы æмбæлццонæн йе стыр- дæр нысаниуæг уый мидæг ис æмæ науы бортыл кæй ис 60
удæгас цæрæгойтæ. Уыдон оты сыл адæймаг, нæл æмæ лæппын адæймаг. Æмбæлццоны хæс у, æнæуæлдæф тыгъдад удæгас буарыл куыд æндавы, уый рафæлгъа- уын. Науы иннæ хорздзинад та уый мидæг ис, æмæ йын, хæдтæхæгау, кæй ис, чердæм дæ фæнды, уырдæм скъæрæн, стæй дæ кæм фæнда, уым æрбадынгæнæн. Мæн ныфс ис, æмæ рæхджы космикон науы бортыл кæй сбаддзæн, æппындæр зонады хъæстæ кæй сæры нæй, ахæм адæймаджы бæсты, йæ зонадæй космос чи басаста, ахæм маймули. Мæн ныфс ис æмæ рæхджы космос кæй суыдзæн иууыл тагъддæр, асламдæр æмæ æдасдæр транспортон фæрæз. Æмбæлттæ, маймулитæ, бар мын радтут, цæмæй уæ номæй арфæ ракæнон, космос |басæттыныл æвæл- лайгæ куыст чи кæны, уыцы ахуыргæндтæ-маймули- тæн! Зал ныррызт тыхджын дзæмбы-мдзæгъдæй. — Мах абон ардæм æрцыдыстæм егъау фарст ас- къуыддзаг кæнынмæ. Хъуыддагмæ рахизыны агъоммæ уегасæй дæр курын хатыр, иунæг йæ кой дæр нæ май- мули мыггагæн æфхæрд кæмæн у, уыцы цæрæгойы ном арæх кæй уыдзæн мæ доклады, уый тыххæй. Нæ планетæйыл иууыл æнæххæстдæр, фыдуынд- дæр æмæ æлгъагдæр цæрæгай у адæймаг. Уымæн æгæрстæмæй инстикт дæр иннæ цæрæгойтæй фæстæ- заддæр кæй у, уый тыххæй иу æмæ дыууæ хатты куы нæ фыстой рагæй фæстæмæ маймулиты стыр ахуыр- гæндтæ. Иуæй иу ахуыргæндтæ бæлвырд кæнынц, зæгъгæ адæймæгтæ маймулиты рагон фыдæлтæ сты. Чи зоны раст.дæр у, фæлæ адæймæгтæ мингай нæ, фæлæ мил- лионгай азты фæстейæ баззадысты æмбарынад æмæ буары æххæстдзинадæй. Адæймæгты зондахасты рæзт сæйраджы дæр ныкъкъуылымпы кодта сæ бинаг къух- ты æнæарæхстдзинад æмæ сæ чъылдымы стджыты æм- 61
растдзинад. Маймулиты зондахаст райрæзт куыстмæ æвзыгъддзинады руаджы. Уый руаджы рантынг се ’взаг дæр. Адæймагад йæ æнæисты æнкъарынады стадийæ цæмæй рахиза æмæ зондахастæй, стæй æвзагæй дæр ныллæууа маймулиты размæцыды фæндагыл, уый тыххæй уал йæ цыппар къухы дæр хъуамæ суой арæхстджын, куыстхъом. Хъуамæ йæ бæрзæйы стæг йæ хъен лæууыны уавæрæй фæцуда, фæтаса размæ, цæмæй куысты рæстæджы чъылдымы æнæхъæнæй ма хъæуа тасын. Стæй ма бирæ лыстæг хъуыддæгтæ хъуамæ аивой адæймаджы физиологион сконды, ,цæ~ мæй ныллæууа йæ рæзты фæндагыл. Нырмæ нæ институт- адæймæгтыл цы бирæ фæл- ва]эæнтæ сарæзта, уыдон ницы бæлвырд фæстиуæг радтой, кæцыты руаджы загъдæуа, зæгъгæ, адæймаг, æппыннæйæ, чысыл цæмæйдæрты хатын кæны, йæ рæзты фæндагыл кæй слæууыд, уый. Уæдæ мæн амæй цы зæгъын фæнды? Институты егъау залы клеткæтæй иуы" фæзынд, иннæ адæмæй æппындæр чи ницæмæй^хицæн кæны, ахæм нæл адæй- маг. Уыцы залы клеткæты цы адæм ис, уыдоныл экс- перименттæ аразæг, биологион зонæдты кандидат шимпанзе Гелиза фæхатыдта ацы лæгмæ цыдæр дис- саджы миниуджытæ. Айразмæ æмбырды уæхæдæг байхъуыстат уыцы нæл адæймаджы раныхæстæ. Йæ ныхасы гъæд æмæ йæ фердæхтытæ маймулиты æм- баргæ архайдтытæм хæстæг кæй лæууыдысты, уый дызæрдыггаг нæу. Æгæрстæмæй æмбырды фæндонмæ- гæсгæ клеткæйæ сæрибар дæр æрцыд. Скодтой йыл, адæймаджы фыдуынд буарæн æцæгæлон чи у, ,ахæм рæсугъд маймулиты дарæс. Æмæ ма абоны онг дæр- Сиберы уынгты йæ зæрдæйы дзæбæхæн тезгъо кæны. Цымæ уыцы дзураг нæл адæймаг, маймулиады зона- 62
ды рæзтæн иннæты уæлдай исты фæахъаз уыдзæн?— Ницы. Æмæ мя уый дæр цыфæнды фæуæт, фæлæ* клеткæйы цы сыл адæймагимæ уыд, уый дæр æнæфæ- разоны уавæрмæ гæсгæ раконд æрцыд гуырæн хæ- дзармæ. Уырдыгæй йæ балхæдтой Шйрма æмæ Гелиза^ Ныр æртæ адæймаджы Æнгæсы уæлцъарыл цæуынц, маймулитау. Æртыккаг, — цы нæл лæппын сын рай- гуырд, уый. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй æндæр планетæйæ æрцыд. Уыцы нæл адæймаг гориллатæ иннæ адæ- мыл цуангæнгæйæ кæм- æрцахстой, уым, дам, ссардæ- уыд Æнгæсы планетæйыл, дам, арæзт чи не ’рцыдаид, ахæм.хæцæнгæрзты цъæлтæ. Цæй’, кæд Æнгæсы май- мулиты зонд æндæр нал кæрды се стыр зонадимæ, уæд баууæндæм иу цавæрдæр нæл адæймаджы ныхæстыл. Фæлæ ма зæгъут: нæ астрономтæ сæ фындзтæй дард- дæр ницыуал уынынц? Æппæлынмæ мын æй ма ай- сут, фæлæ уый йæхи кæцон хуыдта, ахæм планетæ дзы никуы фехъуыстон. Куыд æй хоны? — — Зæхх! — æрбайхъуыст æм^ кæцæйдæр. — О, зæхх, — дзуры дарддæр. — Цы нæ зонын, уый нæ зонын. Ахæм планетæ никуы фехъуыстон. Куыд фæнды уæд, фæлæ адæймаг абон кæд æиæм- баргæйæ ныхæстæ фæлхатт кæны, папугайау, уæд райсом йæ сæры магъз дæр куы скуса, йæ сырдон ахаст йæ зæрдæмæ куы нал цæуа, уæд та цы зæгъдзы- сты, ацы нæл адæймаг æмæ йæ лæппыныл цинæй чи мæлы, уыцы ахуыргонд маймулитæ? Цы зæгъдзысты, маймулиты ’хсæн дызæрдыгдзинад кæй тауынц, уый тыххæй? Ацы ф,арсты фæстæ Базел йæ цыргъ бырынкъ ас- дæрдта. Микрофонæй иуæрдæм алæууыд æмæ ,йæ тып- пыр цæстæй кæсы, зонадон совет кæм бады, уыцы- ’ 63.
рдæм. Ширма бамбæрста, ацы фарст комкоммæ уымæ кæй у, уый, фæлæ ницы загъта. — Уыцы нæл адæймаджы ныхасмæ ма иу хатт куы байхъуыстаиккам. — Залæй райхъуыст кæйдæр дзу- рын. Гелиза æмæ Ширма кæрæдзимæ бакастысты. Сæ хъуынджын цæсгæмттыл цыдæр тасы æнкъарæнтæ фæзынд. Маймулитæн адæймаг у куыд адæймаг, кæрæдзийæ сæ ницы миниуджытæм гæсгæ иртасынц. Уый ницы тас æвзарын кодта ахуыргонд шимпанзетæм, фæлæ дзаумæтты цы нæл адæймаг цæуы уынгты, уый, кæд бирæ фæлварæнты фæцис, уæддæр стæм дзырдтæ æнæхъуыдыйæ фæлхатт кæнынæй дарддæр æмбары- нады æнкъарæнтæ ницы фæзынд йæ ахастыты. — Адæймаг кæцы фæнды планетæйæ æрцæуа, уæд- дæр æм æз адæймаджы цæстæй кæсын. Нестыр, сыгъ- дæгтуг маймулимыггаджы стыр ахуыргæндтæ1 зо- нады ахсджиаг фарстытæ цы кафедрæйæ фескъуыд- дзаг кæнБшц, уырдыгæй иу хатт кæй разынд адæйма- джы фыдуынд цæсгом, уый дæр нын ныххатыр кæнæд не стыр мыггаджы фыдæлты кад æмае намыс. Дыккаг хатт ахæм хъуыддаг нæ зонадæн уыдзæн стыр æф- яæрд. Сæрдариуæггæнæг горилла уайтагъд хъæлæс æп- парынмæ фæцис ацы фарстыл. Базел йæ цæсткæсæнтæ фыпдзы хъæлмæ æрæссыд- та. Сæ сæрты зыд каст кæны залмæ. Иннæтæ ма, фæ- лæ Ширма æмæ Гелиза уыцы дзураг нæл адæймаджы ныхасы ракæныны ныхмæ кæй сдардтой сæ дзæмбытæ, уый йæм диссаг фæкаст. Ширма хорз æмбары, Базел цæуыл тыхсы, уый: фыдæлтæй фæстæмæ орангутангты мыггаг, папугайау, фæлхатт кæны дунейы мидæг æрмæст маймулитæ кæй сты, хъуыды кæнынад кæмæ ис, ахæм сфæлдисæггаг. 64
Адæймæгтимæ сын сæ равзæрдæй фæстæмæ ницы иу- дзинад ис, зæгъгæ. (Ацы фæстаг фарст стæм хатт сур ныхæстæй зæгъынц, стæй та йьш йæ фæстæ ныххал кæнынц мингай æнæ бындур «фæлæтæ»). Ныр зæгъгæ æвзаг нæ, фæлæ хъуыдыкæнынад дæр, маймулитау, размæдзыд кæмæн у, ахæм адæмы хатт кæй ис, уый куы сбæрæг уа, уæд орангутангты ахуыргæндтæ био- логи æмæ физиологийы фарстытыл цы зонадон куыс- тытæ фæкодтой,,уыдон ихы бынты афардæг уыдзысты. Æндæр уавæры Щирма, æгайнæг къæдзæхау, фи- дар слæууид ацы фарсты мидæг, фæлæ ныр нæ уыд гæнæн. Уæд æмбырды размæ æрбакæнын бахъуыдаид канд Бароны дзаумайы цы нæл адæймаг цæуы уынг- ты, уый, нæ, фæлæ Нагъуæ æмæ йæ фырты бæсты сæрмагонд клеткæйы цы сыл æмæ лæппын адæймæг- тæ ис, уыдоны дæр. Уыдонæй та иумæ дæр нæй, Шир- ма йæ хаццæгтæ бафидар кæнынæн цæуыл фæхæцы- даид, ахæм миниуджытæ. Планетæ зæххæй цы нæл адæймаг æрцыд, уый, стæй йæ лæппын æмæ уыцы лæппыны цы сыл Æнгæ- саг адæймаг ныййардта, уыдонæн цы бачындæуа, уый тыххæй Базел ницы фæндон бахаста. Уадз æмæ йыл мачи фæдызæрдыг уа. Уый хыгъд, сæ раздæры баны- хасмæ^ гæсгæ, Боро схæцыд йæ дзæмбыйыл. Боро фыццаг хатт уыд кафедрæйы цур уый бæрц маймулиты ’хсæн. Ныр дæр бæргæ ницы йæ уæлфад гал лæууыд, фæлæ Базелы хуызæн стыр хицауы фæ- хъыг кæн, уый хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд. Æмæ кафедрæйы цур иудзæвгар æнæдзургæйæ фæлæу- уыд. Иæ хъуыр нылхынцъ. Æрæджиау йæ бырынкъ микрофонмæ бахаста æмæ райдыдта ризгæ хъæлæ- сæй. — Æз... æз би-ирæ дзу-урынмæ н-нæ хъавын. Фæн- ды мæ æрмæст уый зæгъын æмæ нæ планетæйыл цы 5. Къæбысты 3. 65
адæймæгтæ ис, уыдон нæхийау дзурын куы райдайой,, уæд уый .нæ маймули мыггагæп хорзæи иицы æрхæс- дзæн. Æз хæссып ахæм фæпдоп: дзырд кæуыл цæуы, уыцы æртæ адæймаджы баконд æрцæуæнт сæрмагонд клеткæйы. Фидаргонд сæм æрцæуæд иу зонадон ку- сæг. Уадз æмæ сæ бындуроп фæлварæнты фæрцы хуыз- дæр сахуыр кæна. Æндæр фæндæттæ дæр ма уыд, фæлæ Боройы фæн- дон зонады фарстмæ хæстæгдæр кæй лæууыд, стæй Базелы ныхас кæй сдыгъуырццæг кодта маймулиты, уымæ гæсгæ райста фылдæр хъæлæстæ. Æмбырды ма рахастой иу фæндон: Базел куыд фи- зиологийы институты къухдариуæггæпæг, афтæ уымæн бахæс æрцæуæд ахæм вазыгджын фарстыл кусын. Ширма æмæ Гелиза сæрибарæй сулæфыдысты.ч Цы гæнæн ис? зонадон кусæг стæм хатт рæдийын дæр зоны. Уыцы лæджы сæры магъзы цыдæр рæстæгмæ реакци æрцыд. Сдзырдта, чизоиы йæм кæцæй æрцыд йæхи зæххон схоныны хъуыды. Фæлæ та Сæры магъз йæ фыццаг уавæрмæ куы ’рцыд, уæд... Лæппын адæй- маг ма сыи у иу цъус тæссаг, фæлæ -Морис æмбаргæ дзырд кæй кодта, уый тыххæй бæстон ничи зоны. Иу- гай æнæрхъуыды дзырдтæ та, кæмæй йæ баивтой, уыйг дæр зоны... VIII. Профессор Заза афтæ фæцайдагъ йæ клеткæйы дуары сæртæг хъинцъыл, æмæ-иу уайтагъд йæ комы къулты дон æркалд. Æнгæсы адæмæй кæцы фæндымæ ’дæр ахæм рефлекс раиртасыны тыххæй егъау куысг бакæнын фæхъæуы ппституты кæстæр зонадон кус- джыты, кæнæ та сæ маймулитæ куыд хонынц, афтæ- 66
мæй санитарты. Ахæм куыст нæ бадомдта уый. Дыу- уæ æртæ хуымæтæджы фæдсафæн фæлварæны, æмæ- иу ныр уайтагъд йæ цæстытæ исты курæджы зылд ра- кодта æрбацæуæгмæ. Ацы хатт дæр та афтæ, Фæлæ санитары къухы хæ- ринаджы тасы бæсты бæндæн куы федта, уæд йæхн æнæбары уагъд акодта йе ’мкъайы фарсмæ хъæмпыл, йæ цонг æмæ йыл йæ къах уыцы иурæстæджы æрæ- вæрдта, цыма йын æй куы акæной, уымæй тарст. Фæ- лæ санитар куы ’ргуыбыр кодта æмæ йын бæндæн йæ хъуырыл куы бафтыдта, уæд æм йе уæхсчы сæрты ды- зæрдыджы каст скодта. Санитар ын, æвæццæгæн, бам- бæрста йæ тас. Иæ хъуынджын дзæмбыйæ йæ æр- лæгъзытæ кодта, æрмахуыр сæныккау, стæй йын йæ бинаг рахис къухы сау сæрак æрмкъухæй йе ’рбадæн басхуыста æмæ бæндæныл рахæцыд. Заза къухæй бас- хуыста йе ’мкъайы, стæй уæззаугай зивæггæнæджы стад ракодта. Фестад ус дæр, фæлæ йыл санитар фæс- тæмæ ахæцыд, Зазайы гом дуарæй æддæмæ расхуыс- та, стæй рахызт æмæ дуар рахгæдта. Заза уьгй куы федта, уæд мæстæй рафыхт. Фыццаг хатт æм фæзынд йæ хæрамдзинад ныхæстæй равдисыны хъуыды. Æмæ уый дæр йæхи зæххон æвзагыл нæ, фæлæ маймулиты æвзагыл, цæмæй йæ бамбарой, йенæуынон кæй сты, (Институты кусджыты ныхæстæм хъусгæйæ сын цъус- тæ æмбарын байдыдта се ’взаг). Фæлæ йæ зæрдыя æрбалæууыд, Бароны тыххæй цы хъæлæсы уагæй фæ- дзурынц, уый. Бамбæрста, маймулитæн сæхийау зоп- дæй æххæст кæй у, уый йæ цы тæссаг уавæры нып- пæрста, æмæ йæхиуыл ныххæцыд. Фæлтау райдыдта, иннæ адæмыл куыд фæцайдагъ, афтæ хъихъхъытæ кæнын. Фæстæмæ тоны æмæ лæбуры клеткæмæ. Ус та мидæгæй йæхи хойы клеткæйы къултыл. Богъ кæны, цæф сырдау. Уый фехъусгæйæ æнæхъæн зальг адæм 67'
æмбу систой. Лæбурынц клеткæты къултæм. Хойынц сæ тымбыл къухтæй. Бирæтæ дзы стæм зæлтæ кæнæ иууæцгон дзырдтæ дæр схъæр кæныпц. Уыцы хъæлæбамæ æрбамбырд сты институты кус- джытæ. Базел йæ хъæлæсы дзаг хъæр кæны, сырдтыл куыд фæхъæр кæнынц, афтæ. Санитартæ цыргъбы- рынкъ лæдзджытæй рæхойынц адæмы, фæлæ уыдон ноджы тынгдæр ссонт сты. Клеткæты хуынчъытæй лæ- бурынц æддæмæ. — Цалынмæ йын йе ’мкъайы ракæнæм, уæдмæ не ’рсабыр уыдзæн. Цалынмæ ай ныссабыр уа, уæдмæ та иинæтæн нæй æруромæн. — Саст хъæлæсæй бахъуыр- хъуыр кодта Заза кæй ратил-батил кæны, уыцы сыл маймули. Базел ма иудзæвгар банхъæлмæ каст, стæй бардзырды хуызы загъта: — Бæндæны иннæ кæрон та уый хъуыры бафтау æмæ сæ афтæмæй ракæн. Заза бузныджы цæстæнгас ахаста, клеткæты хуын- чъытæй мæсты каст чи кодта, уыцы адæмыл. Уый фен- гæйæ ныссабыр сты уыдон дæр. Алчи дæр дзы фæуæ- лахизуæвæджы сæрыстыргъуызæй ацыд йæ клеткæйы къуыммæ æмæ йæхи æруагъта хъæмпыл. Базелæн цыдæр сусæг маст сæлхъывта йæ зæрдæ. Маймулиады истори уый нæм^ зоны æмæ искуы адæм, æмбаргæ маймулитау, кæрæдзи сæрыл рахæцой. Иæ тæккæ цæсты раз м.аймулиты кæн бахъуыд адæмы фæндон сæххæст кæнын, кæд сын уый æнæрхъуыды ахаст у, уæддæр ын стыр ’фхæрдау уыд. Æмæ ныр- тæккæ Ширма ам куы фестид, уæд ма ноджы æрцы- даид, Æнгæсы планетæйыл чи пæма ’рцыд, иу ахæм хъуыддаг: йæ куыройы кæхцы хуызæн хæмхудтæ йын снæмит. (Маймулиты ’хсæн къухæй хыл хæрз стæм цау у). Бароны кæй ссæрибар кодтой, уый фыццаг бо- нæй фæстæмæ Базел кæны Ширма æмæ Гелизæйы ах- 68
хос. Залы адæм куы федтой, адæймаг дæр, маймули- йау, уæлæдарæсы кæй цæуы, уый, уæд цыдæргъуызон хъаугъа райдыдтой. Уыцы хабар сæм гуырын кодта цыдæр ног æнкъарæнтæ. IX. Зазайы гом буар -цалдæр мæйы хуры рухс нал фед- та æмæ йыл ныр Зиптуны фæлмæн, хъарм тынтæ куы атыхстысты, уæд ын куыддæр сæлхысчъытæ код- та. Йæ къæхты бынтæ йын тæвд асфальт арауæгау кæны. Уæддæр цæуы. Йе ’мкъай Генриеттæ йæ фарсмæ кæй ис, уый тыххæй ницæмæ дары, Зиптун æмæ йæ асфальты тæвд кæй тыхсын кæнынц, уый дæр. Æнæзонгæ маймулиты уыцы хъæзныг фæлысты мидæг куы ауыдта, уæд фæтыхст, йæ мад æй куыд ныййардта, афтæ бæгънæг кæй уыд, уый тыххæй. Хъуамæ йе ’рмттæй, Æнгæсы адæймæгтæн æцæгæлон чи у, иу ахæм хъуыддаг ацарæзтаид, фæлæ маймули- ты йæхимæ кæй æркæсыи кæндзæи, ууыл куы ахъуы- ды кодта, уæд сæ æруагъта йæ фæрстыл ауыгъда- уæй. Сиберы уæрæх, лæгъз уынгты цæуы Заза, йæ цæст- æпгас зыдæй хæссы горæтыл. Хатт æнæрхъуыдыйæ лæугæ дæр æркæны. Цалыимæ сын, галты сæрбосау, сæ бæндæныл цы урс халатджын санитар хæцы, уый йæ айвазы, уæдмæ дзы рох дæр æрбавæййы, кæм ис, уый. Дис кæны Заза. Ау, кæд ацы планетæйыл æр- хъуыдыджын сфæлдисæццаг иунæг маймулитæ сты, уæд сын куыд бантыст ахæм рæсугъд галуаптæ сара- зын. Уыдис дзы бирæ уæладзыгон хæдзæрттæ. Заза- иу сæ æрдæджы онг дæр нымад нæма фæцис, афтæмæй та-иу æй санитар айвæзта. Иу рæсугъд галуанæй 69
хъуысы зард æмæ музыкæйы зæлтæ. Уынджы ’рдыгæй йæ ныхыл бæрзонд ран латинаг дамгъæты æнгæс хъæрнывтæй фыст: «Сиберийы паддзахадон драмон театр».—Æпцонæй йæ бакаст Заза. Цалдæр магази- ны дуæртты сæрмæ фыстыты дæр æнцонæй бакаст. «Уæдæ мын сæ газеттæ, стæй сæ чингуытæ дæр æнцои кæсæн уаиккой, фæлæ кæм бафтдзысты?» — хъуыды кæны. Иу ран рацæйцыдысты нæл æмæ сыл шимпанзейы кæрæдзийы дзæмбытыл хæцгæйæ. Сæ фæрсты ’згъорд- та къаннæг шимпанзе. Се ’ртæпыл дæр æмхуызон хъуымацæй хуыд дзаумæттæ, уымæй та бæрæг уыд: иу хæдзары бинонтæ сты. Лæппын шимпанзе бауад æмæ Генриеттæйы гом. агъды йæ даргъ ныхтæ фæсагъта. Генриеттæ фæхъиау кодта, стæй ахæм цæф фæласта лæппын шимпанзейæн æмæ уый лæгъз асфальтыл атылд. Ие ’рдиаг ссыд. Сыл шимпанзе йæм йæ дзæм- бытæ фæхъил кодта, фæлæ йыл Заза уыцы иу хъихъхъ куы фæласта, уæд сыл шимпанзе иæлы фæстæ ам- бæхст. — Сырды хуызæн нал сты ацы адæм бынтон, —■ рахъаст кодта нæл маймули, Зазаиты чи кодта, уыцы санитарæн. — Æз дæр афтæ хатып, — дзуры санитар. Мæнæ ацы сыл адæймаджы тыххæй чысьтл раздæр цы змæст æрцыд нæ институты адæймæгты ’хсæн! Раст сæ сæ- рыл истой бæстæ. — Махмæ цы ’рцыд, уый уыдис стыр диссаг. Иу ми- пы бæрц нæл адæймæгтæ сахуыр кодтам заводы ста- ноктыл кусын. Знон сын хæринаг рæстæгыл нæ рад- той. Уыдон баздæхтысты æмæ станокты ныддæрæн кодтой. Хъусдарджытæй дыууæйы онггай ныскъуыд- тæ( кодтой æмæ сæ заводы къуымты байтыдтой. — Ох, ох, ох! — йæ дзæмбытæ кæрæдзиуыл хойы 70
санитар, — стæй сын цы бакодтат? — афарста ма цы- ъшдисæй. — Æмæ сын цы бакæндзынæ? Хæринаггæнджыты сæ куыстæй фæтардтой. Ноджы хъуамæ, станокты цал- цæгкæнынæн цы бахъæуа, уый бафидой. — Хорз нæу, хорз. Нæу хорз. — Йæ сæр тилы сани- тар. Заза Генриеттæйы æфцæджы æртыхст, цыма сæ хъуыды дæр нæ кæны, уыйау, йæхæдæг сæм лæмбынæг лъусы. — Адон та кæдæм кæныс? — бафарста, заводьГног хабæрттæ чи радзырдта, уыцы маймули. — Базел нын, мæ хур, институты лабораторитыл нал æввæрсы. Йæ хæдзары ахæм лаборатори бакодта æмæ æнæхъæн Æнгæсы иунæг лаборатори дæр ны- рыккон хорз медицинон техникæйæ уый хуызæн фæ- лындзыдгонд нæу. — Кæсыс, фæзындис сыл. Нæ заводы директор нырмæ шимпанзе уыд. Уый хуызæн инженер æнæхъæн Æнгæсы планетæйыл нæй. Ныр дзы иу хъуымыздзых орангутангы авæрдтой. Зноны хъуыддаг дæр уый лæ- мæгъдзинады аххос уьтд. Нæй йæм практикон фæл- тæрддзинад. — Нæ зонын, нæ зонын, — бакатай та кодта сани- тар шимпанзе. — Цæй хорз байрайут. Уæ сывæллонæй кæд ницы фæрыстис? — фæччыгъæдæн ма сæ афарста, .æмæ та айвæзта йæ бæндæп. X Зазайы царды æнæнхъæлæджы фæфæлдæхтæй йæ сæры магъз исдуг фæхæццæ. Цыма Æнгæсы хъæды цавæрдæр сыл æмæ нæл адæймæгты ахстоны рай- гуырд. Схъомыл сырды хом фыдæй. Къуымыхæй баз- 71
задысты йæ сæры магъз дæр, йе ’взаг дæр. Искуы æн~ дæр планетæйыл цард, гъе та, зæхх чи хуыйны, ахæм: планетæ ис æви нæ, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нал уыд. Фæлæ Сиберы биологи æмæ физиологийы инс-, титуты куы февзæрд, урс халатджын маймулитæ йын эксперименттæ аразын куы байдыдтой, уæд йæ зонд ахсын байдыдта. Кæм ма федта ахæм клеткæтæ, ахæм мигæнæнтæй фæлварæнтæ аразгæ, ууыл ныхъхъуыдьг кодта. — А, гъа, нæхимæ! — хъæрæй дзы сирвæзт иу хатт. Урс халатджын санитар йæ цыргъ мукъу клеткæйы хуынкъæй æрбадардта. Иæ тыппыр цæстытæй йæм ныккаст. Заза йæм хъуамæ истытæ сдзырдтаид, фæ* лæ иуæй уæд маймулиты æвзаг нæма ’мбæрста хорз, иннæмæй та тæрсгæ дæр кодта исты æнæрхъуыды ми куы сараза æмæ рæстæгæй раздæр куы бацархайой ацы фыдрынтæ йæ аиуварс кæныныл. Цыма æппын- дæр ницы æрцыд, уыйау йе ’мкъаймæ хæстæгдæр бабы- рыд æмæ йын сдæрын байдыдта йæ уадултæ, йæ дæл- лагхъуыртæ. (Уый иннæ адæммæ кæсгæйæ сахуыр). Фæстагмæ æмбарын байдыдта маймулиты æвзаг. Аивæй сын хъуыста сæ алы ныхасмæ дæр. Фыццаг бонты йæм афтæ каст, цыма Æнгæсы маймулитæ кæд хицæн маймулиты хæттытыл дих кæнынц, уæддæр се ’хсæн нæй фыдæхдзинады хъæстæ. Шимпанзетæ, сæ- хийау, хæларзæрдæйæ кодтой гориллатæ æмæ оран- гутангты кой, афтæ иннæтæ дæр. Фæстагмæ йæ уыцы зондахастыл дызæрдыгдзинад фæлмау бадын байдыд- та. Орангутангтæн цыма сæ бæрзæйы стæг сраст, уыйау сæ сæртæ бæрзонддæр хæссын байдыдтой. Го- риллатæ тызмæг ратæх-батæх кæнынц. Шимпанзетæ>, сæ хъысмæтæйæнæрай уæвгæйæ, ныллæг хъæлæсæйг фæхъаст кæнынц кæмæйдæр. 1 Зазайы Базелы лабораторимæ куы рацæй кодтой,. 72
уæд фæндагыл цы ныхасæн фæцис æвдисæн, уый йæ дисы бафтыдта. Æххæст нæ бамбæрста, Орангутанг- ты уавæр цæмæй фæхуыздæр, уый. Фæлæ хицауиуæг- гæнæг аппараты цыдæр ивындзинад кæй æрцыд, уый хаты. Зазайы зæрдæмæ фыццаг фендæй фæстæмæ нæ фæцыд Базел. Æниу кæй зæрдæмæ фæцæудзæн, зæх- хон адæмæй æнæмбаргæ сырды цæстæй йæм цы май- мули кæса æмæ йыл уыйау фæлварæнтæ чи кæна, уы- цы маймули, йе ’мыйас сыгъдæг уд æмæ хæларзæрдæ куы феста, уæддæр? Уый раст у, кæжзæгъын æй хъæ- уы, фæлæ уæддæр маймулитæм дæр иугъуызон цæс^ тæй кæсæн нæй. Æмæ Заза Базелмæ каст, цас гæнæн* ис, уымæй фылдæр фыдæх цæстæй. Ныр куы базыдта, Базел йæ хæдзары цы лабора- тори сарæзта, уырдæм сæ кæй кæны, уый, уæд йæ- ныфс асаст. Ф’æстаг хатт ма кæй уыны Зиптуны тын- ты рухс, ууыл дызæрдыг нал кодта, Ныр уæлдай бæс- тондæр каст горæтмæ. Уадз æмæ мæрдтæм уæддæр^ исты æнкъарæнтæ ахæсса, афтæ тынг æй цы плане- тæйы цард сахуыр кæнын фæндыд, уый тыххæй. Ген- риеттæмæ-иу хæстæг бацыд. Кæрæдзиуыл куы ны~ дзæвиккой, йæ буары хъарм ын мæрдтæм йемæ куы ахæссид, уый йæ фæнды. Ныр ын йæ хъуыдытæ куы радзурид. Хæрзбон ын куы зæгъид. Фæлæ уый гæнæн’ нæй. Генриеттæйы цæстæнгасы стыр ивындзинæдтæ кæй æрцыд сæ иумиаг царды, уый хаты. Фæлæ йын йæ хъуыдытæ бамбарын кæна, уымæн нырма раджьг у. Бæргæ йæ бирæ нал хъæуы æмбаргæ суæвынмæ. Базыдта худын, кæуын, пъа кæнын,хъазын. Зоны иу- гай дзырдтæ. Куы йын ныхас кæнай, уæд, æмбаргæ- йау, хъусы. Ех, ныр сын цы ныв кæны сæ хъысмæт Базелы лабораторийы, ууыл баст у сæ дарддæры хъуыддаг. 73;
Дзæгъæлы уыд Зазайы-тас. Базел институты адæм- мæ дæр æмæ кусджытæ-маймулитæм дæр цас тызмæг уыд, уыйас хæларзæрдæ разынд йæхи лабораторийы. Лабораторийæн уыд егъау зал. Уыдис дзы цалдæр сыгъдæг æмæ райдзаст клеткæйы. Зазаиты бацыдмæ дзы афтид баззад æрмæст иу клеткæ. Иннæты уыд дыгай æмæ фылдæргай адæймæгтæ. Фыццаг фендæй йæм куыд фæкаст, стæй фæстагмæ куыд рабæрæг, афтæмæй алы клеткæйы дæр уыд хицæн «бинонтæ». Заза æмæ Генриетта сæ ног клеткæйы фæлмæн хъæмпыл сæхи куы руагътой, уæд та æвдисæн фæцис иу диссаджы ныхасæн. Сæ клеткæйы фарсмæ уыд иу бынтон. æндæргъуызон хатæн. Иæ къултæ æнгом æх- гæд. Рухсы цъыртт æм никуыцæй цæуы. Иæ дуарыл ’егъау гуыдыр. ~ — Куыд дæ зæрдæмæ цæуы, Боро, мæ лаборато- •ри? — Йемæ цы æвзонг орангутанг æрбацыд, уый гуыбыр фæсонтыл йæ дынджыр хъуынджын дзæмбы æруагъта Базел. — Æнгæсы стæн æнæхъæн паддзахадæн дæр йæ ’ бон не ссис ахæм хæрзфæлыст лаборатори саразын.— Цæстмæхъус ныхас кæй кæны, уый йыл мыхуырау зыны. — Æмæ æз цæмæй нæ дæн паддзахад, кæд æмæ паддзахады сæргъ иунæгæй чи слæууыд, уый оран- гутанг у? — бахудт æмæ йæ фыдуынд мукъутæ но- джы ныззылынтæ сты. —Тынг рæвдз ацыд дæхъуыддаг. Æхсызгон мыну, — Нырма уый цъус у. Шимпанзетæн сæ зæххон лæджы мæнгдзинад куы сбæлвырд кæнон, уæд сæ, арвы цæфау, æркъуырдзынæн: Ныхмæ лæууæг мын куынæуал уа, уæд институты ардæм рахæсдзынæн. <Уым ма рæстæгмæ ныууадздзынæн филиал. — Уый стыр хъуыддаг уыдзæн. 74
— Æмæ цæуыл нæ хъуамæ уа? — цыма Боройæ аразгæ уыд исты хъуыддаг, уый каст æм ныккодта. — Машинæ аразæн завод иу маймулийы къухы ис? Ис. Хуыйæн фабрикæ, хъæдкуысты комбинат, типографи æмæ æндæр ахæм уагдæттæ иугай маймулиты къух- ты сты? Сты. Уæдæ биологи æмæ физиологийы инс- титут цæуылнæ хъуамæ уа иу маймулийы къухы? Æмæ кæд афтæ, уæд мæнмæ цæуылнæ.хъуамæ уа? — Рæхджы кæй уыдзæн уыцы хъуыддаг, уый мæ уырны. — Тæккæ дæ уыцы бон мæ институты ректорæй сæвæрин, мæ хæлар, — йæ фæсонтæ та йын æрхоста. — Исты фæстиуджытæ дæтты. дæ зæххон адæй- маг?—Æвиппайды ныхас фæзылдта Боро. — Мæ пайдайæн бирæ, Ширма æмæ йæ къабæзты пайдайæн мур дæр нæ. Иугай æнæмбаргæ дзырдтæ, цыдæр æнæрхъуыды митæ, хуымæтæджы прибортимæ архайын æмæ ахæм цыдæртæй дарддæр ницы зоны. Сæ лæппын иннæ адæмы лæппынтæй фылдæр ницæ- мæй хицæн кæны. Раст сæ цыма ивгæ бачынд. Æз раджы базыдтон, уый æрдзы хъазæн ми кæй у. — Диссаг нæу æмбырды цы ныхас ракодта ай- размæ, уый? Искуы дæр ма афтæ ’рцыд? — Нæу диссаг. Дзырдта, бирæ хæттыты кæй фе- хъуыста, уый. Уый æмбаргæ ныхас нæ уыд, фæлæ ин- стинктивон фæлхатт кæнын. Уый дæр Ширмайы æрмт- ты куыст уыд. Æмæ фенæм цы дзы фæпайда кæна. — Ныр ма йын цы аразынмæ хъавыс? — Уæртæ уыцы нæл адæймаджы — бацамыдта За- замæ, — иннæтæй цъус æмбаргæ дæр хонынц, зæгъын æй уыдонимæ бакæнон... Фенæм цы хуызæн дардзæн йæхи сæ Барон. Зазайы фестын æмæ фæхъæр кæнынмæ бирæ нал бахъуыд. Ау Баронимæ рæхджы лæгæй лæгмæ фем- 75
бæлдзысты æмæ сын баныхас кæныны фадат уыдзæн! Тыхæй ныуурæдта йæхи. Кусджытæ сихоры улæфтыл куы ацыдысты, уæд Заза бацархайдта хъуыддаг Генриеттæйæн бамбарын кæныныл, фæдзæхста йæ, зæгъгæ, мæ мæнæ фæр^ссаг-: æхгæд клеткæмæ куы кæной, уæд-иу дæхи сабырдар. Заза иууыл тынгдæр тарст иу^хъуыддагæй: цы да- вы маймулитæн иу ницæйаг адæймаг амарын? Ницы. Зазайæн та иу бон дæр æнæ Генриеттæ йæ бон цæрын нæ бауыдзæн ацы зындоны. XI. Ширма куыд нымадта, афтæ æнцæнттæй нæ алыг хъуыддаг. Æмæ æндæр уавæры Базел, чизоны, иу дæргъвæтин уацæй бакъуырдтаид Ширмайы ных, йæ зонадон бынты йын Æнгæсы æмвæз скодтаид. Уый дæр сыл, хъуыддаг ныннымæг кæныны тыххæй рæстæгмæ сразы уыдаид æмæ та стæй цард дæр æмæ зонад дæр сæхион кодтаиккой." Фæлæ ныр иугæр Базелæн институт йæ сæрмагонд хиисад бакæныны фадат фæцис,~уæд, гæнæн уæвгæ- йæ, цæуыл нæ хъуамæ бацархайа йæ тыхджын ных- мæлæуджыты æрæхсæдыныл? Паддзахады сæргъ æрæджы иунæгæй къухдари- уæг кæныны тыххæй чи æрбадт, уыцы орангутангмæ ныффыста, Базел Ширмайы тыххæй цы зыдта, цы нæ зыдта, уыдон. Уымæн та йын бирæ бындуртæ ис. Зæ- гъæм, æрæджы археологтæ цьг рагон горæты хæлд- дзæгтæ ссардтой, уый Ширма хоны, зонад æмæ тех- никæ кæддæр тынг размæдзыд кæмæ уыд, фæлæ ца- вæрдæр æнамонддзинады фæстиуæгæн чи бабын, ахæм адæмы горæт. Афтæмæй адæм маймулиты рагон фы- 76
дæлтæ не сты (æниу ацы хъуыддагимæ дæр орангу- тангтæ разы не сты), фæлæ маймулитæ сты адæмы лууыл рагондæр фыдæлтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, маймулитæн уый стыр æфхæрд у. Ахæм фарстайæн нæй йæ иувæрсты ахизæн. Æппæт ацы хъуыддæгтыл зонадон æгъдауæй ахъуыды кæныныл йæхи нæ батыхсын кодта хицауи- уæггæнæг орангутанг, фæлæ уайтагъд бардзырд рад- та Ширмайы æппæт куыстытæ зонадон литературæйæ сисын фæстаг дамгъæйы онг æмæ сæ басудзыны тых- хæй. Ширмайæн йæхицæн та Сиберийы цæрыны бар мауал уæд. Ацæуæд, кæдæм æй фæнды, уырдæм. Ацы тæрхоны автор у Базел йæхæдæг, кæд æй сидгæ пад- дзахиуæггæнæг орангутанг ракодта, уæддæр. Шимпанзетæ æнæхъæнæй растадысты Ширмайы сæрыл. Домдтой, цæмæй, раздæр куыд уыд, афтæ зо- надон стыр æмбырды æвзæрст æрцæуа йæ фарст. Ни- цы рамбылдтой. Ахæм дзуапп райстой, зæгъгæ уæд министрады кабинеты бадтысты æртæ маймулийы: орангутанг, горилла æмæ шимпанзе. Уыимæ уыдис æртæ палатæйы. Ныр министрады кабинетæй.дæр æмæ палатæйæ дæр гориллатæ сæхи фæндонмæ гæсгæ кæй алыгъдысты, уый тыххæй ма кабинеты уагъд æрцыд иунæгорангутанг. Ныр паддзахады цы фæндыхъуыд- дæгтæ æвзарынæн дæр ахæм æмбырды сæр нал хъæуы. Комкоммæ лыг цæудзысты министрады ка- бинеты. Ширма æппæт ацы фыдтæ кодта Гелизæйы азым, Фæлæ бæстон куы ахъуыды кодта, уæд ма-йæхиуыл дæр худт — цы азымджын умæгуыр сыл вдаймули, Ба- роны хъуыддаг кæй фæхатыдта,уым? Ширма йæхæ- дæг æфсымæры хуызæн хæлар куы сси йемæ? Нæ, æн- дæр цыдæр хъуыд, фæлæ цы, уый нæ ахсы йæ зонд. Йæ зæрды уыд лыстæггай ныффыссын, Баронæн кæцæй 77
æрцыд, уырдæм фæстæмæ аздæхынæн куыд бах- хуыс кодта, стæй Барон, Нагъуæ æмæ Морисы бæс- ты ныр фæлварæнтæ кæуыл аразынц, уыцы нæл, сыл æмæ лæппын адæймаджы космосмæ кæй цæттæ код- той. уыдон кæй сты. Фæлæ йыл чи баууæнддзæн? Барон стыр æмбырды цы фæнды ораторæй хуыздæр фæдзырдта, йе ’ппæт ахастытæй сын фенын кодта, алцæмæй дæр æххæст кæй у, уый. Уæддæр ыл нæ бау- уæндыдысты. Æмæ ныр та? Цæмæй сбæлвырд кæн- дзæн Барон афардæг, уый? Бæргæ, фæлæ уæд хъуамæ хъуыддаджы схæццæ кæна йæ мадыфсымæры дæр. Æмæ æцæгæлон исчи уаид, фæлæ йæ хæстæг у æмæ зæгъдзысты, зæгъгæ йæ хæрæфыртæн баххуыс кæны- ны охыл æрымысыд уыцы мæнг ныхас. Цал æмæ цал алыгъуызон хъуыдыйы кæрæдзи аивтой йæ сæры, фæ- лæ дзы иу дæр, донластæн хъæмпы хал цы фæахъаз уа, уымæй фылдæр фаг нæ уыд æмæ сфæнд кодта йс- куыдæм фæлидзын. Хъуамæ иунæгæй афардæг уы- даид æндæр горæтмæ. Фæлæ Гелизæйæн фæтæри- гъæд кодта, зæгъгæ йæ иунæгæй фыдæбонæй куы ма- рой æмæ йæ акодта йемæ, сомбон уæддæр зонад йæхион кæй акæндзæн, æмæ та йæ Ширмайы сæр кæй бахъæудзæн, ахæм ныфсæй. XII. Базелы хъуыдытæ афтæ ныссуйтæ сты æмæ дзы райдайæн-кæрон бæрæг нал уыд. Сæр хорз æрымы- сыд йæ зонадон куыстæн: «Рæдыд цæстæнгас майму- литы равзæрды историйы». Хорз у, фæлæ айдагъ сæр- цы давы. Ныр зонадон æгъдауæй сбæлвырд кæнын х’ьæуы, цы цæстæнгасыл лæуд, у, уый. Уый тыххæп ныффыссын хъæуы егъау куыст. Уыцы куыст хъуамæ 78
кæрæй-кæронмæ, дзæнгæлтæгæнæг кардау, кæрда Ши- рмайы«рæдыд цæстæнгас», Хъуамæ æппæт маймули- тæн бауырнын кæна, Ширма уыцы æфхæрды аккаг кæй уыд, уый. Архайы. Æрдæг фыст гæххæттытæ, фæззыгон сыфтæртау, згъæлынц пецы хуылфмæ. Зæр- дæ кæуыл фæлæууа, ахæм хъуыды ныффыссын нефты къухы. Цонг нал тасы æндæр куыстмæ. Æнæхъæн къуыригæйтты институт нæ, фæлæ йæхи лаборатори дæр нал абæрæг кæны. Фæстагмæ ма йæ зæрдыл æрæ- фтыд иу хъуыды: хъуамæ денджызы былмæ ацæуа улæфынмæ. Æндæр хъуыддæгтæй йæ сæр куы æрулæ- фа, уæд куыст ныффыссын дæр кæй бафæраздзæн, ууыл æууæнды. Æниу ахæм ^куыст цас зын ныффыссæн у Базелы хуызæн стыр ахуыргонд лæгæн, фæлæ... Цыбырдзыр- дæй, алы маймулийæн дæр йæхицæй стырдæр знаг нæй æвæццæгæн. Зонадон совет куы тæрхон кодта Бароны чиныг: «Маймулитæ адæмы рагон фыдæлтæ» зæгъгæ, уæд Базелæй тынгдæр ничи дзырдта йæ ным- мыхуыр кæныныл. Уый æнхъæлдта, зæгъгæ Ширмайы фыст у æмæ йæ нырмæйы куыстыты цы бæлвырдгæ- нæнтæ уыд, уыдонæй уæлдай ам дæр ницы уыдзæн æмæ йæм кæсынмæ цы экземпляр радтой, машинкæ- йыл мыхуырæй, уый йæ дзæмбытæм исгæ дæр никуы ракодта. Ныр иугæр мыхуыры куы рацыд æ’мæ газет- тæ, цъиутау, уасынкуы райдыдтой, уæд æй бакаст, фæлæ ма цафон. Йæхи дæр бæлвырд уырнын байдыд- та уый Ширмайы æрмдзæф кæй нæу. Ныр фыссын куы райдайы, уæд та уыцы чиныгæй исты бæлвырд- гæнæн йæ разы, айнæг къæдзæхау, хъен слæууы. Куырдиат балæвæрдта Æнгæсы сæйраг советы Централон комитеты сæрдар Орангутангмæ, цæмæй йæ дыууæ къуырийы фæстæ ауадза улæфынмæ. Уы- цы дыууæ къуырийы та йæ хъуыдысты Заза æмæ 79»
«Бароныл» иумиаг фæлтæрæнтьг руаджы йе ’рмæг фæхъæзныгдæр кæнынæи. Стæй Бароны чиныг дæр скуынæг кæнинаг у, цалынмæ æгæр не спопулярон ис, уæдмæ. Зазамæ диссаг дæр каст, куыд никуы æрбауайы Базел, уый. Иннæмæй та тыхст. Фæндыд æй тагъд- дæр куы фенид Бароны. Хатт-иу æрдæгæхсæв клет- кæйæ йæ цонг ратъыста. Хоста-иу сындæг, хъахъхъæ- нæг горилла куыд нæ фехъуса, афтæ уый клеткæ- йы æнгом къул. Дзырдта-иу Баронмæ йæ номæй, фæлæ ницы. Æппынфæстаг Базелы фыдуынд хæмхудтæ æрба- зындысты къæсæрæй. Иæ цæстæнгас цыдæр уæззау, æрхæндæг. Иæ фердæхт фæлладгъуыз. Иæ алывæрс- ты, æрмахуыр къæбылайау, зилæнтæ кæны Боро. Бæ- рæг у, Базелы бардзырдæй донæй дуртæ хæссынмæ дæр рæвдз кæй у. Фæлæ уый ницы дзуры. йæ дзæм- быты йæ синтыл сæвæрдта. Цæсткæсæнты фындзы хъæлыл уырдыгмæ æрæссыдта. Зилызалы. Алыклет- кæйы раз дæр æрлæууы. Иæ цæсткæсæнты сæрты дзæвгар фæкæсы æддæмæ. — Æвæдза, æмбал Вазел, ацы адæмæн бынтои дзæгъæлы хæрын кæнæм. Нырма’ сыл иу мур меди- цинон фæлварæн арæзт ницы æрцыд. — Цыма йыл Базелы хæринæгты мæтæй æхсæв хуыссæг нæ хæцы, уыйау басагъæс кодта Боро. Базел æм йе уæхсчы сæрты ныккаст. Кæсы йæм, æнæмбаргæ сабимæ куыд мидбылхудгæ фæкæсынц, афтæ. — Нырма чысыл дæ, Боро. Саби. Сабийы та фæ- фæнды, арт куыд судзы, ууыл æнæхъуыдыгæнгæйæ йæ гуыл рæстæгæй тагъддæр куы афыцид, уый. Мæ- нæн уал^ ныртæккæ сæйраг у, маймулиты рагон фы- д’æлтæн ’ацы сырдтимæ кæй ницы иудзинад ис æмæ адонæн рæзты фæндагыл слæууыны фадат кæй ни- 30
куы уыд, уый зонадон æгъдауæй сбæрæг кæнын. Уы- ’ыæн та мæм æрмæг фаг ис. Рæхджы уыцыкуыст фæ- уыдзæн фыст. Æмæ уæд шимпанзеты ахуыргæндтæ сæ сæртæ æркъул кæндзысты мæ разы. Ныр та уал... — Йæ цæст ахаста залы. — Ам ничи ис саыи- тартæй? — Ныртæккæ, — цыбыр къахдзæфтæй ауад Боро æмæ уайтагъд фездæхт иу сыл шимпанзеимæ. — Зиба, уæртæ уыцы нæл адæймаджы, — ацамыд- та Зазамæ, — ракæн арæхстгап. Ие ’мкъай сыл адæй- маг ма фезнæт уæд. Зиба бацыд клеткæмæ. Заза Генриеттæйы фарсмæ хуыссы æмæ йын цæстæй амоны, цæмæй ма схъау- гъа кæна. Уый кæд рæстмæ нæма ’мбæрста Зазайы, уæддæр йæхи æнæмæт уагъд акодта хъæмпыл. Зиба йæ рахис дзæмбыйæ арæхстгай бавнæлдта Зазайы къухмæ. Уый йæм барæй æнæмбаргæ каст ракодта, стæй растад. Исты кургæйæ-иу куыд кодта, афтæ та радаргъ ^кодта йæ къух; Базел йæ дзыппæй банан спста. Фыццаг æй йæ цъупп бырынкъмæ бахаста. Йæ комы дон адджын ныхъхъуырд ныккодта, стæй йæ бадардта Зазамæ- Уый дæр йæ комы дон нынныхъ- хъуырдта æмæ рауад бананмæ. — Кæсыс, Боро,*мæ лабораторийы къæсæрæй куыд- дæр æрбахызт ацы лæг, афтæ йæм цы рефлекс рав- зæрд. Æз æмæ ды бирæ цыдæртæ сараздзыстæм адо- ннмæ. Бананы фæстæмæ йæ дзыппы нывæрдта Базел. Заза йæ разы лæууы æмæ йæм исты радтыны æнхъæл кæсы, кæд æй ныртæккæ Баронмæ тагъддæр бафты- нæй фылдæр ницы ’ндавы, уæддæр. — Ныр мын Бароны дуар бакæн, Зиба, æмæ ай дæр уырдæм бауадз. — Сдзырдта Базел. Зазайæн пæ зæрдæ цины гуыпп-гуыпп скодта, фæлæ йæхи уромы. 6. Къæбысты 3. 81
Исты æнæнхъæлдзæджы æмбаргæ мийæ йæхи дæр æмæ Бароны дæр кæй бабын кæндзæн, уый хаты.-Зиба ба- кодта, Базел ын кæдæм бацамыдта, уыцы дуар, Ба- зел та банан систа йæ дзыппæй. Зазайы разæй йæ хæссы, бæхы цæххæй куыд фæсайынц, афтæ. Уый дæр цæуы. Цæуы æмæ йæ хъус бананы нувæрсты да- ры клеткæйы дуармæ. Тагъддæр куы ауынид Бароны, уый йæ фæнды. Уалынмæ бахæццæ клеткæйы дуар- мæ, мидæгæп дзы судзы электроиы цырагъ. Бакаст Заза æмæ фырдисæй чысыл ма бахъуыд фæбогъ кæ- па. Клеткæйы рæбынæй хуыссы уæлгоммæ, чъизн хъæмпыл Барон-иу кæй дардта, уыцы дзаумайы, За- за бынтон дæр кæй никуы федта, ахæм нæлгоймаг. Йæ фарсмæ дæр æнæзонгæ сылгоймаг- Заза институ- ты лабораторийы иу уынд кæй фæкодта дардмæ, уы- доны дæр хорз бахъуыды кодта, фæлæ дзы ахæмыл нæ фембæлд. Базел йæ дзыппæй систа банан æмæ йæ клеткæ- мæ баппæрста. Заза иыртæккæ банан нæ, фых карчы тыххæй дæр нæ бахизид уыцы клеткæмæ, фæлæ цы- дæр хæццæ хъуыддаг чкæй æрцыд, уып бамбæрста æмæ пæхн хъахъхъæны. Цыма тыиг æххормаг у, уы- йау йæхи баппæрста бананмæ. Уый ауынгæйæ йыл къуымы хуыссæг иу цъэехахст фæкодта. Фестад æмæ Зазайы иу цæфæн дуарæй раппæрста, пæхæдæг ба- ъан фелвæста, Йæ цурмæ чи рауад, уыцы сабимæ йæ авæрдта, стæй йе ’нгуылдзтæ стымбыл кодта æмæ хæстæввонгæй æрлæууыд. Базел Зибайы къухæй рас- къæфта цыргъ бырынкъ лæдзæг æмæ дзы рæхопын райдыдта лæджы. Уый мæсты хъыс-хъысгæнгæ йæхи айста къуыммæ. — Зиба, фæдзур ма хъахъхъæнджытæм. — Базел 1 мæстыгъуызæй загъта санитарæн. Уый ацыд. Заза йæхи тарстгъуызæй баласта йæ клеткæйы цурмæ. 82
Æрбацыдыст.ы дыууæ дынджыр гориллайы, Базе- лы раз алæууыдысты коммæгæс сабитау. — Уæртæ уыцы сырды хъуырыл бæндæн бафтаут æмæ йæ операцион лабораторимæ акæнут. Заза йæхи клеткæйы дуармæ балхъывта. Цы йын . кæндзысты, уый нæ зоны æмæ фыртæссæй ризы. Гориллатæ бастæй ракодтой, Барон кæй хуыдтой, уыцы лæджы. Уый сæм лæбуры, фæстæмæ йæхи то- ны, фæлæ йæ цыргъ лæдзджытæй куы фæрæхуысты- тæ кодтой, уæд æрсабыр. — Амæн та куыд кæнæм? — ацамыдта Зиба За- замæ. — Бауадз уал æй йæ бынатмæ. — Загъта • Базел æмæ фæраст дуармæ. Заза ногæй Генриеттæйы цур куы фестад, уæд ын фырцинæй пъатæ æмæ хъæбыстæ райдыдта. Бирæ фæхъуыды кодта Заза Барон цы фæуыдаид, стæй маймулитæ уыцы лæджы Барон цæмæн æнхъæ- лынц, куы нæ сæ асы, куы нæ сæ бакасты исты ис иугъуызонæй, уæд. Уыцы ’хса^в Генриеттæимæ йæ куы- сты фæтк дæр фехæлд. Алы æхсæв дæр ын амыдта цалдæр дзырды маймулиты ’взагыл. Маймулиты ’взаг та уымæн райста, æмæ Генриеттæ канд Заза нæ, фæ- лæ æндæртæй дæр кæй хъуыстаид, уыцы æвзаг æн- цондæрæй базыдтаид. Иыр сагъæсты аныгъуылд æмæ дзы кæд Генриеттæ домдта дзырдтæ амонын, уæддæр йæ бон нæ уыд. XIII. Заза йæ хъус дардта, уыцы лæгмæ дыууæ боны дæргъы, фæлæ йæ нал æрбакодтой фæстæмæ. Ау, ма- рынмæ йæ акодтой? Æмæ сæ цы бахъыгдардта. Стæй 83
йæ зæрдыл æрбалæууыд, операцион хатæнмæ йæ кæй акодтой, уый æмæ уæд бамбæрста цыдæр фæлварæн- тæ йыл кæй кæндзысты. Иу бон Зиба æрбацыд, уыцы лæджы чи акодта, уыцы дыууæ гориллаимæ. Сæ иуы къухы бæндæн. уыдон клеткæйыраз куы æрлæууыдысты, уæдЗазайы зæрдæ бацъæхтæ-буртæ, фæлæ цæмæй Генриеттæйы ма сызнæт кæна, уый тыххæй йæхи сабыр дардта. Зиба бакодта дуар. Гориллатæй ну бæндæнимæ ба- хызт мидæмæ. Иннæ даргъ цыргъ бырынкъ лæдзæ- джимæ цæттæйæ лæууыд къæсæргæроп. Зæгъгæ, загъд самадтой, уæд сæ хъуамæ райдыдтаид рæхойын. Заза, цыма ницы ’рцыд, афтæ дары йæхи. Иæхн- .нымæры йæ къух ауыгъта цардыл. Йæ мæлæты агъом- ■мæ,ма Генриеттæйы хъизæмæрттæ дæр фена, уый йæ нæ фæнды. Уадз æмæ йæм æнхъæлмæ кæса. Уадз, ныфс æмæ бадлицтæй цæра йе ’хгæд клеткæйы. Бæндæн ын йæ. хъуыры куы бафтыдтой æмæ йæ клеткæйы къæсæрæй куы рахизын кодтой, уæд Ген- риеттæ сыстад, рацыд дуаргæронмæ. Йæ къухтæй клеткæпы хъæдтыл ныххæцыд æмæ æрхæндæггъуы- зæй кæсы æддæмæ. Заза ма йæм иу дæргъвæтин цæстæнгас баппæрста. Уым уыд сабыр кæныны ’нгас дæр æмæ хæрзбон зæгъыны хъуыды дæр. Ныртæккæ "иууыл тынгдæр тарст, Генриеттæ загъд куы самайа, уымæй. Уымæн æмæ уый нæ уыдзæн кæддæрау æнæ- мбаргæ, инстинктон загъд. Уый уыдзæн цардæм- балы сæрыл иуцасдæр бæрцæй æмбаргæ тох. Кæд- дæрау нал кæндзæн æнæрхъуыды хъихъхъытæ. Ныр хъæр кæндзæн, кæй базыдта, уыцьт дзырдтæ, кæд сын сæ нысаниуæг иууыл хорз нæма ’мбары æмæ сæ грамматикон æгъдауæй кæрæдзиуыл раст бæттын Анæма зоны, уæддæр. Æмæ йæм уæд та кæсы Бароны хъысмæт. Мæлæт. (Бароны тыххæй-иу цытæ хъуыс- 24
та институты лабораторийы уæвгæйæ, уыдоныл хорз куы ахъуыды кодта, уæд æрцыд ахæм хаццæгмæ, зæгъгæ, йæ чидæр амардта æмæ йын йæ бынатмæ уыцы лæджы баппæрстой). Нæ, Генриеттæ ахæмæй ницы сарæзта. Заза къæ- сæрæй куы ахызт, уый фæстæ дæр ма бирæ фæлæу- уыд æдзынæгæй, стæй бацыд къуыммæ, Дæлгоммæ ныххауд хъæмпыл æмæ райдыдта сусæгæй кæ- уын. Заза куы ницы тызмæгдзинад æвдыста, идадзы бæхау куы цыд, бæндæныл чи хæцыд, уыцы горнлла- ты фæстæ, уæд ыл баууæндыдысты æмæ йæ Зибайы бар ауагътой. Уый йæ скодта дыккаг уæладзыгмæ. Уæрæх, райдзаст калидоры комкоммæ ацыдысты, стæй фæзылдысты галиуæрдæм. Нарæг талынг кали- доры ма чысыл бауадысты. Уым Зиба иу дуар бакод- та æмæ бахызтысты, цалдæр фæлтæрæй сынтæджытæ рæнхъ æвæрд кæм уыдысты, ахæм палатæмæ. Алы сынтæджы дæр хуыссы иу адæймаг. Чи дзы у фынæй, чи хуыссы уæлгоммæ, чн йæ иу фарсыл. Сынтæджы- ты ’хсæнты зилынц æртæ сылгоймаджы. Сæ уæлæ — афтид цъæх зæронд халаттæ. Фæлæ сыл уыдон кæй сты, уый дæр дис фæкаст Зазамæ. Нырмæ Æнгæсы планетæйыл дзаумаджын адæймаг нæ федта, ибон æй’клеткæйæ чи расхуыста, уыцы лæджы куы нæ ны- майа, уæд. Сынтæджыты чи хуыссыд, уыцы адæмæй иуы цæс- гомыл дæр ницы ивындзинад фæхатыд сæ бацыдæй. Цыма йæм комкоммæ чи кæсы, уыдон дæр фынæй сты, афтæ йæм фæзынд. Уый хыгъд халатджын усты- тæ бауадысты сæ размæ. Иу дзы Зибайы къухæй райста бæндæн, иннæтæ кæцæйдæр фелвæстой фæй- нæ цыргъ бырынкъ лæдзæджы. Æмæ ма уый дæр ни- цы, фæлæ Зазайы стыр дисыл бафтыдта иу хъуыд- 85
даг: Зибайы къухæй бæндæн чи райста, ^уып йæ ба- фарста бынтон æмбаргæ хъæлæсæй: — Æзнæт у? — Нæ, сабыр у,—’загъта Зиба æмæ араст сынтæ- джыты ’хсæнты мидæмæ. Ус Зазайы бакоДта иу къуыммæ. Уым къулы цы къæдз æфсæйнаг къуырд уыд, уымæ йæ фндар бабаста, уый фæстæ Зибайы фæдыл акаст. Уый иу æндæр дуарæй куы фæмидæ- гæй, уæд сдзырдта тæригъæдгæнæг хъæлæсæй. — Цымæ амæн та цавæр операци араздзысты, мæ- гуыр йæ бон? Иннæ устытæй иу цыдæр сцæйдзырдта, фæлæ уыцы рæстæджы сæ цуры сынтæджы цы фидæрттæ конд лæг хуыссыд, уый йæ цæнгтæ фæхъил кодта æмæ сæ райдыдта уæлдæфы тилын, искæмæ лæбурæ- гау. Иннæ буар х’уыссы æнæзмæлгæ, цыма хъæды лыггаг у. Æрæджиау, ма йæ дзых фæхæлиу кодта. Цыма тынг ныхъхъæр кæнынмæ хъавыд, уый улæфт ныккодта, фæлæ гæзæмæ райхъуыст йæ дзурын. — Нæ, куыдзы фырт, кæд ды маймули дæ æз та адæпмаг, уæддæрдынме ’фхæрд нæ ныууадздзынæн. — Иудзæвгар ма фæтылдта йæ цæнгтæ, стæй та ныс- сабыр. — ЦæТй тæрнгъæд у? — Басагъæс кодта устытæй иу. Заза ацы хатт йæхи нал баурæдта. Адæймæгтæ кæй сты, уый тыххæй сæ ницæмæй тарст, æмæ ба- фарста. — Цы йын сарæзтой? Устытæ исдуг джихæй аззадысты. Тарстгъуызæй кастысты Зазамæ, стæй дзы иу ризгæ хъæлæсæй ба- фарста. 1 — Ды, маймулитау, æмбаргæ ныхас кæныс? — Куыд уыныс, афтæ. * — Æмæ кæм сахуыр дæ? г 36
— Уый æгæр ,егъау таурæгъ у, фæлæ амæн цы са- рæзтой? — Уый заводы куыста. Хицау орангутанг æм цæ- уылдæр фæмæсты æмæ йæ ехсæй ныццавта. Ай йæм фæзцлд. Иæ раздаг дзæмбытæй йæ ацахста. Стано- кыл.^æй ахæм цæф ныккодта, мæзæрде æмæ дзы онг онгцл дæр нал фæхæцыд. Ныр æй ардæм æрбакод- 7ой. ’Цыдæр операцийы фæрцы йын йе уæнгтæ бан- дзыг ’кодтой. Змæлгæ ма йын ныууагътой æрмæст йæ цæнгтæ. — Дæу та цæй тыххæй æрбакодтой? — бафарста йæ нырмæ иу ныхас дæр чи нæма скодта, уыцы æр- тыккаг ус. — Ницы йын зонын. — Кæм куыстай? — Никуы. — Æмæ уæдæ кæм сахуыр дæ дзурын? — Уый стыр таурæгъ у уын куы загътон. Фæлтау- ма зæгъут, ам дыууæ боны размæ, мыййаг, дзаума- джын адæймаг æрбакодтой? — ’О, ды Баронæй зæгъыс? ’ — Нæ, уый... О, уымæй. — Уый дам афтæ дзырдта, цыма цавæрдæр æн- дæр планетæйæ æртахт, æмæ цыма уымы адæм сты амы маймулитау зондджын, маймулитæ та амы адæ- мау æпæ зоид, инстинктæй фылдæр кæмæ ницы ис, ахæм сырдтæ. — Ныр цы фæцис? — Операци пын скодтон. Кæимæ дæр дам сыл иу- гъуызон фæлварæнтæ аразынмæ хъавынц. Ды ма уай? — Тарстгъуызæй афарста, бæндæн чи бабаста, уыцы ус. (— Нæ йæ зонын. — Мыййаг афтæ куы уа, уæд арæхстгай архай. 87
Уыдон куыд фæнда, афтæ араз. Фылдæр нæй. Фæл- тау къаддæр гæнæн ис. Дзургæ—ннцы.-Кæд-иу,-дын нсты дзырд фæлварын кæной, уæд-пу æн зæгъ æрæг- мæ, цыма йыл бирæ фæцархайдтай. \ — Стыр бузныг. Кæд ма дзæбæхæй раирвæзон, уæд уын уæ хорздзинад нæ ферох кæндзынæн. /Æр- мæст, хардзау’уæм ма фæкæсæд, фæлæ кæм ба^ыд- тат афтæ æмбаргæ ныхас кæнын? / — Мах чысылæй фæстæмæ ацы куыст к&нæм. Фыццаг уыдыстæм институты операцигæнæн ла|бора- торийы. Ныр нæ ардæм ракодтой. \ — Æмæ циу’уæ куыст? — Æххуыс кæнæм, операци чи кæны, уыдонæн. Хæцæм баст адæймæгты цæстытыл. Мæнæ ацы па- латæйы цы адæм ис, уыдон бынтæ сыгъдæг кæнæм. — Æз æнхъæл дæн, сымахау æмбаргæ дзырд чи райдапы, уыдонмæ хорз цæстæй нæ кæсынц? — Æмæ махæй цæмæп тæрсынц. Æхсæвæй бонæй стæм ам. Æддæмæ нæ нæ уадзынц. Зазайы ма фæндыд аныхæстæ кæпын, фязлæ ми- дæггаг дуар байгом. Рахызт Зиба. Устыты уыцы иу- ран куы ауыдта, уæд сыл фæхъæр кодта. — Цы стыгуыр стут уым! — Тынг сызнæт. Цæгъдæнтæ нæ кодта, цалынмæ йыл лæдзджытæй хорз æркалдтам, уæдмæ, — сæхи ба- раст кодтой устытæ. Æхсызгон уыд Зазайæн се ’рхъуыдыдзинад. XIV. Зиба, æрмахуыр рæуæдау, сриуыгътытæ кодта ус- тыты. Иæ цæстытæ сæ^м ахъулæттæ кодта. Уый фæс- тæ райхæлдта Зазайы бæндæн. Сылгоймæгты бафæ- 88
дзæхста, цæмæй сыгъдæгдзинадмæ хорз сæ хъус фæдарой. Уыцы хъуыддагмæ сæ хуыздæр сразæнгард кæныны тыххæн йæ цæст хинæйдзаг ныкъуылд фæ- кодта æмæ фæсус хъæлæсæй сдзырдта. — Базел рæхджы рацæудзæн ауылты. Мыййаг ис- ты йæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуа, уæд уæхæдæг зонут йæ ахаст. — Ууыл йæ фæдзæхст фæудыл банымадта, зæгъгæ кæд бамбарат, уæд хорз, науæд Базелы амæт- таг фæут. Заза нæ зæрдæмæ бахаста, цъæх халатджын сыл- гоймæгтæ йын цы бацамыдтой, уый. Зибайы фæдыл цæугæйæ йæхинымæр хъуыдытæ кæны, цы фæлва- рæнтæ йыл араздзысты æмæ йæ йæхи куыд равдисын хъæуы, уыдæттыл. Заза цалынмæ зæххыл цард, уæдмæ дæр медицп- нæ уарзта. Арæх-иу бацыд медицинон зонæдты ака- демимæ. (Æниу техникон зонæдты дохтыр уыд). Цымыдис кодта, ’маймулитыл цавæр фæлварæнтæ аразыпц, уыдонмæ. Иуцасдæр бæрцæп зонгæ уыд фæлварæнтæ аразæн прибортимæ. Ныр йæ зæрдыл æрбалæууыд, Базелы хæрзфæлыст лабораторийы тых- хæй цы фехъуыста, уый, æмæ аскъуыддзаг кодта, зæгъгæ цы федтон, уымæй уæлдай мæ дисы чи баф- тауа, ахæмæй цы хъуамæ фенон. Фæрæдыд. Базелы операцион хатæны цы федта, уыдонæн нæ.мттæ æрымысын дæр йæ бон никæд ба- уыдаид. Æмæ сæ уымæй дæр цæсты пу ахастæи цьг федта, уымæй уæлдай йын кæм уыд уыдæттыл хъуы- ды кæныны рæстæг. Зиба йæ, нывонд уæрыккау, ла- сы йæ фæстæ, уæртæ ну къуымы Базелы куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ риуы къултыл йæхи афтæ ныххоста, æмæ йæ алывæрсты цы уыд, уый дæр нал уыдта... ’ Ацы къуымы дæр та разынд къулы къуырд æфсæй- наг къæдз. Зазайы ныр фпдардæр бабастой. Уын фæ- 89
стæ Базел бардзырд ’радта дыууæ нæл гориллайæн, цæмæй уыцы къуыммæ æрбакæной «Бароны». Заза нæ зоны Барон цы фæцис, уый фæлæ сыл ныр худы, Бароны æфсон цавæрдæр Æнгæсаг лæджы кæй ракæ- бакæ кæнынц, уый тыххæй. Заза иæ федта, кæцæй йæ ’рбакодтой, уый, фæлæ куы ауыдта Бароны ивддзаджы, уæд хорзау нал фæ- цис. Дыууæ боны размæ йæ куыд федта, уымæй йæм æппындæр ницыуал баззад. Йæ цæстытæ дзæгъæл- гаст кæнынц. Расыгау цуды. Йæ цæнгтæ ауыгъд лæдз- джытау уæгъд тæлфт кæнынц. Ныр æй бæндæнæй дæр нал кодтой, фæлæ, наййаг галау, йæ хъусæп. Уый дæр цыд. Цыд æнæ уæлдай митæй. Куыддæр æй Зазайы цур æрлæууын кодтой, афтæ Базел йæхæдæг æрæвнæлдта фæлварæнтæ аразынмæ. Гориллаты бафæдзæхста, зæгъгæ, ацыт чысыл дард- дæр. Уым цæттæйæ лæуут. Мыййаг дзы нсчи хъау- гъайы фæнд куы скæна, уæд-иу æххуысмæ тагъд зы- нут. Базел комкоммæ æрлæууыд «Бароны» раз. Æр- лæгъзытæ йæ кодта. Иу банан ын йæхи къухæйбахæ- рын кодта. Уый фæстæ райдыдта фæлварæн. Р1æхн риу цалдæр хатты йæ дзæмбыйæ бацавта афтæ дзур- гæ: «Æз Базел, Базел!» — Уый фæстæ та рапдыдта амонын лæгæн йæхимæ афтæ дзургæ: «Ды Барон, Барон» — лæджы цæсгомыл иу мур ивындзинад дæр нæ цæуы. Æгæрстæмæй йæ цæст дæр пæ ныкъулы. Базел цалдæр хатты сфæлхатт кодта уыцы фæлтæ- рæн, фæлæ дзы ницы- рауад. Иу зæл дæр нæ ратагъд уыцы лæджы дзыхæй. Уып фæстæ раздæхт Зазамæ. Райдыдта уыцы фæл- рзрæн аразын. Заза устыты фæдзæхстмæ гæсгæ йæхп- уыл хæцы. Цыма дзы Базел цы домы, уый ые ’мбары, йæхи афтæ дары. Фæлæ Базел æгæр мæсты кæньш 90
кæй байдыдта, уый куы базыдта, уæд райдыдта цъæр- рæмыхстытæй дзурын афтæ. — Ббба...а...зззе..е, Барро... Баарро... — Базелæн йæ цæстæнгасыл цыдæр хъæлдзæггъуыз фæзынд. — Кæсут уый цавæрдæр зæххæй æрцæуæг (амоны шшæ лæгмæ), шнмпанзетæм гæсгæ, йæ зопд махмæйы маймулитау тыпг размæдзыд кæмæн у, ахæм æмæ йæм сырды инстикт дæр нæй. Ай та (амоны Зазамæ) Æн- гæсаг адæймаг æмæ ма, папугайау, фæлхат кæнын уæддæр зоны. — Дзуры лабораторийы кусджытæн. Уый фæстæ райдыдта ног фæлтæрæн. йæ дзыппæп систа æрттиваг гæххæтты тыхт шоколад къафет. Ба- дардта йæ уыцы лæгмæ. Базел æй фæстæмæ раскъæф- та, райхæлдта йæ, афтæмæй та йæм æй бадардта. Лæг та йæм февнæлдта. Нæ та йын æп радта. Лæг æм ахæм тæригъæддаг æнгæсæй каст, цыма йæ царды хъысмæт иууылдæр уыцы къафеты мидæг уыд. Базел æп цалдæр хатты райхæлдта, стæй та-иу æй батыхта. Æппынфæстаг æй бадардта лæгмæ. Уый йæ айста æмæ йæ æнæ хæлдæй йæ дзыхы баппæрста. Базелы зæр- диаг архаьд кæл фæдзæгъæлы, уый тыххæй рамæсты. Лхæм зæллаиг пылласта лæджы бæрзæйæн æмæ йæ канфет йæ дзыхæн рахауд. Базел æй систа. — Кæс ардæм кæс! — хъæр ыл кæны. — Уæдæ æм- бырды стыр зæрдæйæ куы дзырдтай. — Халы та кан- фет. Фæстæмæ пæ стыхта. Цалдæр хатты ма бакодта афтæ, стæй та пæм æй ногæй бадардта. Лæг æй айста, фæлæ йæ йæ дзыхмæ нал схаста. Дызæрдыггъуызæй иу каст канфетмæ кæны, иу каст та Базелмæ. — Кæд æгæр бирæ аиуварс æрцыд йæ сæры магъ- зæй, æмбал Базел? — цыма истæмæй тарст, уыйау чъызгæ хъæлæсæй бафарста Боро. — Фыццаг хатт аразын æнхъæл мын дæ ахæм опе- раци? — тызмæггъуызæй йæм бакаст не уæхсчы сæр- 91
ты. — Мыййаг пæ сæры магъз касы къус куы нæ уыд æмæ мæ цас фæндыд, уый бæрц дзы куы пæ равгæдта- ин. Æз ахæм операци кæцыфæнды зондцух маймули- йæн сарæзтаин, уæддæр ма йæм баззадаид иуцасдæр бæрцæй æмбарыпад. Уый та, Шигрма куыд дзырдта, ахæм зондджын адæймаг куы уыдаид, уæд ма йæм ахæм операцийы фæстæ уæддæр хъуамæ баззадаид, Æнгæсы адæмæй бирæкæимæ бакуыстæуыд, уыдонæй кæмæй фæнды дæр фылдæр зонд." Ныр ма ацы лæгмæ кæс, — спста пог канфет. (Уыцы лæгæн æй ныууагъ- та). Бадардта йæ Зазамæ. Уый йæм æвиппайды фев- пæлдта. Базел æй фæстæмæ аскъæфта. Заза йæ комы къулты дон нынныхъхъуырдта. Базел райхæлдта къа- фет. Фенын æй кодта, уый фæстæ ма йæ цалдæр хатты райхæлдта æмæ та-иу æй батыхта. Æрæджиау æм æй бадардта. Заза йæ райста. Æркæстытæ йæм кодта, стаей йæ æпæ хæлдæй йæ дзыхмæ фæцæй хаста, фæлæ йын Базел лæдзæгæй йæ къух куы ’рцавта, уæд æй фæстæмæ æруагъта. Райдыдта архайын йæ райхалы- пыл. Базел ын йæ фыдæбонмæ иудзæвгар фæкаст, стæй райста къафет. Иуцалдæр хатты йæ сындæггай рай- хæлдта, Заза йæ дзæбæх куыд уыдтаид, афтæ йæ ба- тыхта, стæй та йæм æй радта. Заза ма йыл цæстфæл- дахыпæн чысыл ацархайдта, стæй йæ райхæлдта. Иу каст ма Базелмæ бакодта, стæй йæ ахордта. Базел ба- цин кодта. Йе ’уæхск ып йæ дзæмбыйæ æрхоста. — Бæдæйнаг! Æнгæсыстæн, амæн цыфæнды баца- мон, уæддæр æй æвæсти-атæй райдайдзæн аразын. Æнæуи дæр сабыр у. Иуæй-иутæ дзы куыд хивæнд вæййынц, .ахæмтæй йæм ницы ис. Кæс-ма-иу æндæра дзы æз мæ цæхæрадоны кусынæц куыд спайда кæнон. Ам куы нæ уон, уæд-иу æм дæ хъус дзæбæх фæдар. 'Уынгмæ дæр-иу æй рауадзын кæн. Æрмæст æхгæдæй æддæмæ ма аирвæзæд. 92
Сарæзта ма Базел ноджы иуцалдæр фæлтæрæны. Зæгъæм, бæрзонд ран æрцауындзын кодта банан, йæ быны йын æрывæрдта æртæ афтид асыччы. Фыццаг зæххæй сæвнæлдта. Заза æмæ иннæ лæгæн къухæй ацамыдта, зæгъгæ, кæсут куыд бæрзоид у. Уый фæстæ сгæпп кодта иу асыкмæ. Уæддæр та йæм не сæххæст. 'Уæд асыччыты бакъуыр-бакъуыр кæнын райдыдта. Стæй йуварс ацыд. Заза хъуамæ райдыдтаид банан æрисыныл фæлварын. Йæхи айвæзтытæ кодта, фæлæ бæндæнæй æгæр цыбыр баст-уыд. Барæй тæлфы йæ мидбынаты. Зыд цæстæй кæсы бананмæ. Р1æ комы къулты дон цъиры. Иннæ лæг дæр рауай-бауай кæны бананы бын. Гæпп кæны хæрдмæ. Асыччытæй иуы сæрмæсхызт. Æвналыуырдыгæй дæр. Ницы та, схызт дыккаджы, стæй æртыккаджы сæрмæ. Уæддæр нæй. Куы нæ бафтыд банан йæ къухы, уæд, æххормаг хъыбылау, райдыдта хъыс-хъыс кæнын. Базел ын амопы асыччытæм. Ногæй та хизы куы сæ пумæ, куы сеннæмæ: — ницы та йын дзы рауад. — Суадз инпæйы. — Бардзырд радта Базел Зиба- йæн. Уый Зазайы хъуырæй рафтыдта бæндæп. Куы феуæгъд Заза, уæд иудзæвгар арауай-бауай кодта ба- наны бын. Схызт асыккы сæрмæ. Æвналы. Уый фæстæ дыккаг асыкк сæвæрдта, æртыккаг. Уыдон сæрмæ схызт æмæ æнцопæй æриста банан. Иниæ лæг пæ сæр мæсты ’нкъуыст бакодта, стæй иуварс ацыд. — Куыд дæм кæсы, Боро? Мæнмæ гæсгæйæ дард- дæры вазыгджын фæлварæнтæ ницы хуыздæр фæс- тиуæг ратдзысты амæй уæлдай, рæстæг ма сыл дзæ- гъæлы цы сафæм, уый йедтæмæ. — Æз дæр афтæ æнхъæлын. — Лæмæгъ дæлдæртæ сæ хистæрты раз алкæд куыд фæкæнынц, афтæ йæхи «бакъæлæсытæ кодта Боро. 93
— Зиба, акæн ^й йæ бынатмæ, — Зазамæ ацамыд- та Базел. — Иннæмæн та цы чыидæуа? — бафарста Боро. — Дæлæ йæ æддаг палатæйы чи ис, уыдонимæ схуыссыи кæнут. Иу чысыл ма йæм базилут, стæй йæ шшæ æпæпайда адæмнмæ сырддонæн ауæй кæндзыс- тæм. Мæимæ гæсгæйæ чысыл куы банарддæр уа ацы егъау, уæд уæззау уыдзæн æмæ дзæвгар æхца рамбул- дзæн. XV. Цыдæр ивындзинæдтæ ’рцыд лабораторипы. Ныр- ма Бароны клеткæ кæй хуыдтоп, уый систой быптоы- дæр. Цы ус æмæ дзы сывæллон уыд, уыдоны Зазаиты клеткæмæ ракодтой. Уымæй цъусдæр адæм дзы кæй никæм уыд, æвæццæгæн уый тыххæй. Зазайæн иуæй хъыг уыд ацы хъуыддаг, иннæмæй та æхсызгои. Хъыг ын уымæн уыд æмæ нырма сæ къуындæг клеткæйыус æмæ лæджы хæдæфсæрм цард кодтой. Заза-иу хатт маст дæр бакодта, пырма йын фыд суæвыны тыххæй. кæй пицыма пыфсы пысæнттæ фæзыид, уын тыххæн. Фæлæ уый дæр кæй уыдзæн искуы, ууыл æууæндыд. Ныр сæ уыцы хъуыддаджы сæ ног «уазджытæ» кæй хъыг дардзысты, уый йын йæзæрдæ чысыл бакъуырд- та. Фæлæ иннæрдыгæй та йæ «ахуыргæнинæгтæ» кæй фæфылдæр сты, уый йын æхсызгон уыд. Стæп дæр Ген- рпеттæ тынг кæй бацин кодта «уазджытыл», уый дæр ын æхсызгон уыд. Фыццаг æхсæв сыы радтой нæмттæ. Усы схуыдтои Мери, лæппуйы та Артур. Стыр диссаг уыд уыцы æхсæв Генриеттæмæ бакæ- сын. Иæ хъæбысы-иу куы пытыхта Мерийы æмæ-иу 94
ып куы ныпъатæ кодта, уæд-пу уый цыдæр тарст хъæлæсæп бахъыс-хъыс кодта. Исдуг сыл æууæндгæ дæр нæ кодтой Мери æмæ Артур, иу къуымы бабукъ сты, карчы сидзæр цъиутау. Фæлæ сæ куы æррæвдыд- той æмæ сыл куы бацин кодтой, уæд æрлæууыдысты. Заза уый куы базыдта, дыууæ усы кæрæдзийæ нал фæхицæн уыдзысты æнцонæй, уæд Артуры пæ хъæбы- сы бакодта æмæ фæлмæн хъæмпыи лыстæныл бафы- нæй кодтой. Райсоммæ Мери йæхи пом дæр æмæ Генриеттæйы ном дæр сыгъдæг дзырдта. Заза сып сæ фæллад цæс- тытыл рафæлгъуыдта æхсæв бощтæ сыл цъыид кæй иæ фæхæцыд, ахæм æнгæс. Боны дæр-иу маймулитæй ла- бораторцйы куы пичи уыд, уæд-иу Генриеттæ уайтагъд райдыдта Мерийæн исты дзырдтæ амонын. Бацамыд- та йып Зазайы, стæй йæхи фырты ном дæр. Ныр Мери йæ лæппумæ тынг арæх дзырдта йæ помаей, цыма дзы куы ферох уа, уымæй тарст. Иу бои Боро æрбацыд лабораторимæ. Иннæ хæт- тьпы ахастæй æппын ницы уыд нæдæр йе змæлды, пæ- дæр йеддаг бакасты. Нырма-иу, фæллад бæхау, сæр- гуыбырæй цыд Базелы фæдыл. Лæггадгæнæг сабийау, æдзух каст уын дзыхмæ. Кæд ып цы цума зæгъдзæы, уымæ æнхъæлмæ каст зæрдиагæй. Æгæрстæмæй, цы- ма, пæ дзаума дæр сæгъы сыкъайы тъыстау сæхп къуыпдæг хатыдтой, афтæ зынд. Ныр уалдзыгон дидн- нæгау райхæлд. Йе уæнгтæ айвæзта. Раст, цыма, Зип- туны тыгъдадмæ стæхыпмæ хъавы, афтæ зыны. Иу- цалдæр бардзырды радта Зибайæп. Хъахъхъæнæг гориллатæм фæдзырдта. Бафæдзæхста сæ, цæмæй бæ- рæг фæхуыздæр кæной сæ хъусдард. Фæдзырдта адæ- мæн хæринæгтæ цæттæ гæнæгмæ. Уый уыд астæук- каг кары, фæлæ, æвæццæгæн, фыргуыстæй, иннæ май- мулитæй бирæ чи фæкъæдздæр, ахæм сыл шимпан^е. 95
Цыбыр, фæлæ рогкъахдзæфтæй бауад Боройы размæ. — Цы зæгъдзынæ, æмбал хистæр? — хæрдмæ скасг Боромæ. Уый, Базел-иу куыд кодта, афтæ, фæрсæрдæм æрлæууыд хæринаггæнæг шимпанземæ. Йæ уæхсчы сæрты йæм æркаст æмæ сдзырдта барджын хъæлæсæй. — Лбонæй фæстæмæ ацы сырдтæн хæринаг дæт- тыны фæтк хъуамæ цæхгæр фæиват. Дыгай-æртыгай клеткæйы адæмы-пу рауадзут иумиаг залмæ. К-æрæ- дзимæ-цу сын хæстæг æрæвæрут хæринаг. Уадз æмæ ахуыр кæной иумиаг цардыл. — О, фæлæ... — Цыдæр сцæйдзырдта шимпанзе, фæлæ пыл Боро фæхъæр кодта. — Ныртæккæ ам хистæр æз дæи. Цалынмæ Базел депджызы былæй здæха, уæдмæ æз куыд дзурон, афтæ кæпут. — Иуцалдæр къахдзæфы дуарæрдæ’м са- рæзта, стæй фæзылд æмæ ма йæ .дзырдмæ бафтыдта: — Алы рап фабриктæ æмæ заводты кæд райдыд- той пайда кæнын ацы сырдты лæвар тыхæй, уæд мах цæуылпæ хъуамæ бакæнæм афтæ? Кæцы бонмæ сæ пард кæнæм? Хъуамæ сæ фæцайдагъ кæнæм зæххы куыстыл. Уадз æмæ Базелы бпрæ зæххытæ, стæй инс- титуты зæххыты дæр маймулиты бæсты кусой адон. Уæхæдæгхорз куы зонут гориллаты хъуыддаг. Æнæ уыдонта сау куыст чи кæна, ахæм’маймулитæ махмæ хæрз стæм сты. — Цыма стыр æмбырды пыхас-кодта, ахæм хъæлæсæй дзырдта Боро хæринаггæнæг, Зиба æмæ ма иу æндæр санитар шимпапзеимæ. Йæ ныхас фæцпс афтæ: — Ацы хъуыддагыл уæ алчи дæр хъуамæ бакуса хорз, — стæй ацыд. — Диссаг мæм кæсы ацы арахъхъы гарзы бæриы куыд ныууагъта Базел дыууæ уыйхуызæн стыр зона- дон æхсæнады. — Боро куы ахызт, уæд бахъуыр- хъуыр кодта хæринаггæнæг шимпанзе. — Æмæ уæдæцы бакодтаид? Цавæрдæр стыр куыст 96
дам фыссы. Уымæн æй сæрибар рæстæг хъæуы. Стæк дæр ныр цалдæр азы улæфты никуы уыд, никæуыл æу- уæндыд институт. Ныр орангутангтæй ацы хъуыдда- джы иуцасдæр бæрцæй разынд . Боро. Кæд лæмæгь æмæ нуæзтуарзагу, уæддæр Базелырахис цонг у. Куы йæ зоныс мах шимпанзетæ йæ цæсты сындз кæй стæм, Медицинæйы хаххыл Æнгæс æвæццæгæн Ширмайы хуызæн стыр ахуыргонд нæма зоны. Бирæ къаддæр нæ уыд Гелиза дæр. Æмæ кæм сты? Сæ кой сæ хъæр дæр нал зыны. Чи зоны сæ искуы маргæ дæр акодтой. Сæ зонадон куыстытæ ист æрцыдысты зонадон литера- турæйæ. Айразмæ машинæтæ аразæн заводы дирек* тор, техникон зонæдты дохтыр шимпанзе иу æмбырды скодта Ширма æмæ Гелизæйы æнæ азкмæй фесæф- ты кой. Æнæ хъуыддаг равзаргæ йын аскъуыддзаг кодтой фондз азы ахæстон. Йæ бынаты йын бау- рæдтой, зонадон кусæджы ном каемæн уыд, ахæмы нæ фæлæ институты фæсаууонмæ чи ахуыр кæны, иу ахæм дыккаг курсон студент орангутанджы... Цы дæ фæнды? Тыхы дон хæрдмæ ласы. — Ацы ныхæстæ Зи- ба ахæм æрхæндæг хъæлæсæй кодта æмæ канд, чи йæм хъуыста, уыцы шимпанзеты нæ, фæлæ Заза æмæ Генриеттæйæн дæр сæ зæрдæтæ суынгæг стьг (Генри- еттæ фæстаг бонты хæрзацв хъусын райдыдта майму- литы иыхасмæ. Райдыдта сæ æмбарын). Уыцы бон сихоры хæрдыл иумиаг залмæ рауагъ- той Зазаиты, стæй ма иу æндæр клеткæйæ æвзонг нæлгоймаг, сылгоймаг æмæ иу дæс азы кæуыл цыдаид. ахæм чызджы. Дыууæтæн дæр бæзджын касæй йедзаг тæбæгътæ æрæвæрдтой, кæрæдзимæ хæстæг. Заза æмæ Генриеттæ, куыд фæцайдагъ сты, афтæ рахис къухы æртæ æнгуылдзæй сисынц кас æмæ йæ арæхст- гай бакæнынц сæ дзыхты. Мери æмæ Артур сæ дыгай къухтæ фæцавтой касы цонджы хъулты онг æмæ рай- 7. Къæбысты 3. 97
дыдтой зыдæй хæрын. Генриеттæмæ уый, ’æвæццæгæн^ аив нæ фæкаст: басхуыста Мерины фарс. Ацы æнæа- рæхст мнйы тыххæй Заза та цæстæигасæй бауайдзæф’ кодта Генриеттæйæн. Фæлæ сæм уæддæр фæкаст Ме-' ри. Сæ къухтæ сын афтæ сыгъдæгæй куы ауыдта, уæд йæхи змæст къухтæм дæр æркаст æмæ фефсæрмы. Иу дзæвгар нал февнæлдта тæбæгъмæ. Каст Заза æмæ* Генриеттæмæ. Заза йын бамбæрста йæ хъуыды æмæ йын аивæй фенын кодта, куыд хæрын хъæуы, уый. Ме- ри дæр афæлвæрдта афтæ. Исдуг ын ыæ рæстмæ код- та, фæлæ фæстагмæ фæцайдагъ. Фæцайдагъ æмæ аф- тæ амонын байдыдта Артурæн дæр... Сывæллон сæм уыцы бон уæддæр нæ байхъуыста. Иумийаг залы сихоргæнæг адæмы къорд бонæй бон фылдæр кодтой. Кæрæдзимæ-иу куы балæбурдтой æмæ кæрæдзи хæйттæ куы истой, ахæм хъуыддæгтæ дæр дзы уыдис. Уыцы рæстæджы цырд лæууыдысты цыргъ лæдзджытæй хотыхджын хъахъхъæнæг горил- латæ æмæ æнæауæрдонæй цавтой аххосджынты. Фæ- лæ ахæм цаутæ бирæнæ ахастой. Цыма сæ иугъуызон* хъысмæт кæй баййæфта, уый бамбæрстой, уыйау фæс- тагмæ кæрæдзиуыл узæлын байдыдтой. Фæсхæрд-иу кьулгæрæтты цемент астæрдыл сбадтысты æмæ-иу кæрæдзи сдæрын байдыдтой. Иугæр кæрæдзиуыл куы æрæууæндыдысты æмæ кæрæдзи куы нал хъыгдардтой, уæд-иу сæ арæх æнæ- хъæн сахаттæ кæнæ фылдæртæ дæр ныууагътой æдде- йæ. Санитартæ-иу сæхæдæг ацыдысты дуармæ. Бæ- рæг-иу сæкодтойрæстæгæй-рæстæгмæ. Ахæм уавæр- тæй пайда кодта Заза. Æмæ канд Заза нæ, фæлæ Ген- риеттæ къаддæр нæ куыста. Адæмæн исты амоныны хъуыддаг рæвдздæр æфтыд уый къухы. Æвæццæгæп сын сæ зæрдæйы уаг хуыздæр зыдта. Зылдысты се ’хсæн/ Кæрæдзи сдæргæ-иу кæй фед- 98
той, уыдонæн амыдтой пъа кæнын. Уыдис дзы, дзуры- ныл чи фæлвæрдта, ахæмтæ, уыдонæц та амыдтой хи- цæн дзырдтæ. Раздæр-иу сæ сæ бынæттæм кæнгæйæ бахъуыд ал- кæй дæр хицæнæй ласын: кæй йæ хъусæй, кæй йæ къу- хæй. Фæстагмæ сахуыр сты æмæ-иу Зиба куы фæхъæр кодта: «Уæ бынæттæм»—зæгъгæ, уæд-иу алчи дæр æвæндонæй, фæлæ æнæхъаугъайæ араст йæ бынатмæ. Базел цы бон ацыд, уымæн Заза, æвæццæгæн, мæрд- ты къæсæрыл дæр кувдзæн. Уый цур-иу иу кæнæиннæ клеткæйæ арæх акодтой кæиæ хицæн адæймæгты, кæ- нæ æнæхъæн «бинонты». Фæстæмæ-ма-иу дзы æрæз- дæхт хæрз стæмтæ. Кæдæм сæ кодтой, уыйЗаза ба- зыдта, операцион хатæны куы уыд, уæд. Æмæ уæдæй фæстæмæ тæрсын байдыдта; йæхи кæд нæ, уæддæр ын мыййаг Генриеттæйы куы акæной. Ныр дзы Базелы ацыдæй фæстæмæ никæйуал акодтой, æмæ Зазайы зæрдæ чысыл æрсабыр. XVI. Иу бон Заза аходæны хæрды фæстæ иумиаг залы дардкъуымы фæрссаггæрон лæууыд Артуримæ. Зиптун арвы тыгъдады иудзæвгар стылд цæхæркалæг пурти- йау. Иæ тынтæй иу дæстæг æрбакалд фæрссагæй. Адæмæй бирæтæ схуыссыдысты астæрдыл, раст Зип- туны тынтæ’кæдæм калдысты, уым æмæ, уалдзыгон хъыбылтау, сæ гом фæлурс буæрттæ тавтой. — Уый Зиптун у. — Зиптунмæ амонгæйæ дзуры Заза Артурæн. Артуры къухы алы* дзырд бамбарын дæр æнцонæй кæй æфтыд, уый æхсызгон уыд Зазайæн, æмæ зæрдиагæй æрæвнæлдта йемæ кусынмæ. Уыцы ныхæстæ куы кодта Заза Артуримæ, уæд къæсæрыл фæзынд Зиба. Иæ цæстæнгас тыхстгъуыз. Иæ дзæмбытæ дæр цыма ризынц. 99
— Байри!.. Байри! — Ризгæ хъæлæсæй хъæр кæны, Заза нæ зыдта, Байри чи у, уый æмæ дыууæрдæм ра- кæс-бакæс кодта залы къуымты. Уалынмæ хæринаг- гæнæны дуар фегом æмæ дзы, æхст нæмыгау, ратахт хæринаггæнæг. Зиба йæ размæ бауад. Йе ’взаг йæ дзыхы дыдæгътæ кæны, афтæмæй йын дзуры: — Байри, стыр æпамонд хабар. Институты адæм растадысты æмæ пырх кæнынц, цæуыл ныдзæвынц, уыдон. Клеткæты дуæрттæ ныссастой. Ныххурх код- той хъахъхъæнæг гориллайы. Операцигæнæн хатæнмæ бафсæрстой. Боро æмæ иннæ зонадон кусджыты, стæй дохтыртæ æмæ санитарты операцион стъолтæм ныббас- той. Фыдæбонæй оæ марынц. Мах иууылдæр цæуæм уырдæм. Ацы корпус уæлейæ-бынæй иуцалдæр сахаты уыдзæн дæ бæрны. Дæ хъус сæм дар. Хъыг дзы макæй фæдар. Ма сæ сæзнæт кæн, æндæра адон дæр исты фыдбылыз сараздзысты. — Бацархайдзынæн, — загъта тыхстгъуызæй Бай- ри, стæй Зиба куы ацыд, уæд ма мæстыгъуызæй ба- хъуыр-хъуыр кодта. — Бынтон бындзагъд куы скæниккой ацы орангу- тангты, уæддæр м.æ цæст не ’рныкъулин. Уыдон ах- хосæй æрцьгд ацы æпамонды хæст. Æмæ уыдонæн циу? Бацахстой æппæт къухдариуæггæнæг бынæттæ. Сæфгæ дзы мæнæ мах шимпанзеты мыггаг фæкодта. Уас мæ тæритъæдæй бындурзылд фæуæит. Иу мæйы мидæг сау гæххæттытæ райстон мæсæры хицау æмæ мæ дыууæ хъæбулæй. Ныр сылыстæджи- мæ баззадтæн æмæ мæ сырдтæн хæринаггæнæгæй хуыздæр аккаг дæр не скодтой.. — Фæзылд хæринаг- гæнæны ’рдæм, фæлæ цыдæр ахъуыды кодта æмæ фе- здæхт. Иæ дæларм цы газеттæ уыд, уыдон фæрссаджы дæлвæйнæгмæ баппæрста. Æххæст сугтæ æрбадавон æмæ хæринаг рæстæгыл 100
саразон, æндæра адон дæр куы схъаугъа кæной, уы- мæй æдас нæу, Уый зонын, ацы сырдтæй кæрты бæр- зонд æмбондæй ничи агæпп кæндзæн. Уадз æмæ хец- цо кæной, кæм сæ фæнды, уым. — Ауад, Чысыл фæс- тæдæр фæстæмæ фездæхт суджы хъæбысыдзаджимæ, Газеттырдæм кæсгæ дæр нал фæкодта, афтæмæй фæ- мидæг хæринаггæнæны. Заза йæхи байвæзта газеттæм, фæлæ тарст, зæгъгæ мæ куы раййафа. Уæддæр дзы дыууæ фелвæста. Бауад æмæ сæ йæ клеткæйы хъæм- пы бын атъыста, уый фæстæ Генриеттæ æмæ Мерийы бафæдзæхста, цæмæй йын йæ фæдыл макæй рауадзой. — Æз чысыл дуармæ акæсон. Иунæгæй мæ куы раййафа æддейæ, уæддæр ницы зæгъдзæн, фæлæ иу- уыл куы рацæуой, уæд гæнæн ис æмæ фæдисы хъæр ныккæна. — Мери йæ кæд иууыл хорз нæма ’мбæрста, уæдæр Генриеттæмæ бакаст æмæ уый куыд сарæзта, ?фтæ йæ сæр разыйы тылд бакота. Иухатт ма йæ цæст ахаста Заза залы къуымты. цыма искуы маймули æмбæхст куы уа мыййаг, уымæй тарст, уыйау, стæй рацыд æддæмæ. Кæрты дæр ахъахъ- хъæдта фæйнæрдæм. Куы ничи’ дзы уыд, уæд фæ- раст ибон æй операцигæнæнмæ кæуылты скодтой, уы- цырдæм. Аныр асины фыццаг къæпхæныл йæ къах æрæвæра, афтæ йыл хæрхæмбæлд фæцис палатæйы кусæг сылгоймæгтæй иу. Дыууæ дæр фыццаг фæтарс- тысты, фæлæ кæрæдзи куы базыдтой, уæд æй ус афар- ста. — Цы хабар æрцыд, ды дæр ын ницы хатыс иу маймули змæлæг куынæуал ис ацы сыгъдыйы хæдза- ры? — Зибамæ куыд байхъуыстон, асЬтæмæй сæ бындур æнкъуысын байдыдта. Раздæр" кæм куыстат сымах, уым адæм растадысты. Сæ зонадон кусджыты сыи операцион стъолтæм ныббастой. Ныр уыдонæн æххуыс- 10!
мæ ацыдысты. Ам ма баззад иунæг хæринаггæнæг ишмпанзе Байри. — Стыр цины хабарау радзырдта Заза усæн. —Тъе, уый хъуыддаг у, гъе, — дызæрдыггъуызæй йæ сæр æнкъусы сылгоймаг. — Цымæ цы уыдзæнис уæддæр? — Зазайæ кæд ницы дзуапп райсыны ныфс уыд, уæддæр афтæ æнæуи бафарста ус. — Революци! — цыма баст домбай уыд æмæ тонгæ ракодта, уыйау рафсæрста ацы дзырд Зазайы дзыхæй. Ус ын ницы бамбæрста. Операцийы рæстæджы адæ- мæй бирæтæ сæ фыртыхстæй цы иугай æнæрхъуыды дзырдтæ сæппарынц, ахæмыл æй банымадта æмæ æн- къардгъуызæй афтæ бакодта: — Ибон палатæйы цы адæм федтай, уыдонæн се ’рдæгæй фылдæр æртæ боны размæ сырддонæн ауæй кодтой. Уым йæ цæнгтæ чи тылдта/уый дæр. — Æмæ сын цы ми ф-æкæнынц сырддоны? — дис- 1ъуызæй бафарста Заза, кæд иу хатт федта, адæйма- джы фыд сырдтæн куыд дæттынц, уый, уæддæр. — Æргæвдынц сæ æмæ сæ хæрын кæнынц.сырд-. тæн. — Ох, ох. Уый ма никуы фехъуыстон зæххыл,— мæсты тылд ныккодта йæ сæр Заза. — Æмæ зæхх та циу? — фæцырд сылгоймаг. — Ницы... Афтæ æнæуый... Фæлæу-ма, — иыхас фæ- зылдта Заза. — Ныр сымах цы кусут? — Нæ дын æй загътам ибон? — Уый зонын. Рагæй кусут операцигæнæн хатæны? — Хæрз чысылтæй фæстæмæ. — Æмæ кæд æндæр ницы, уæд аппараттæ фехалын дæр уæ бон нæу? Æз куыд байхъуыстон, афтæмæй уы- цы аппараттæ шимпанзеты ахуыргæндты арæзт сты. Ныр сæ ахæм бæрнон рæттæм нал уадзынц. Орангу- тангтæм, уыдон чи сараза, ахæм ахуыргонд, æнхъæл 102
дæн, нæдæр ис. Базел у æмæ кæмдæр улæфынмæ ис. Уæд уымæй дæр иучысыл фæуромиккат адæмы сæры пмæгъзтæй хынджылæг кæныны хъуыддаг. _ — О, фæлæ... — Фæлæ цы? Тæрсыс? — Уый дæр диссаг нæу. — Нæ. Æз зыдтон адæм, кæцытæ семхуызон адæ- мы сæрвæлтау цыфæнды æфхæрдыл дæр разы уы- дысты. — Æмæ... нæ, нæ, æз ахæм хъуыддæгтæм нæ са- рæхсдзынæн, — цыма йæ стыр фыдракæндыл ардыдта Заза, уыйау фæтарст ус æмæ алыгъд фоестæмæ. Заза йæм фæстæмæ хъуамæ схызтаид, фæлæ ам æгæр афæ- стиат. Ныр тагъд исчи куы фæзына, уымæй æдас нæ уыд. Атындзыдта залмæ. Ус йæ зондмæ кæй нæ бай- хъуыста, уый йын зын уыд, фæлæ йæм мæсты не ссис. «Ахæм хъуыддагæгæрстæмæйзæххон адæймагæндæр •зьш бауырнынгæнæн у!» — уымæй фæрог кодта йæ маст. XVII. Заза куы баздæхт’залмæ, уæд ма адæмæй чи хуыс- сыд Зиптуны тынты раз æмæ йæ фæлурс буар тавта, ’чи бацыд йæ клеткæмæ. Фæлмæн хъæмпыл йæхи •ауагъта æмæ. фынæй кæны. Генриеттæ æмæ Мери иу фæрссаджы дæлвæйнæгмæ схызтысты æмæ цæуылдæр зæрдиаг ныхас кæнынц. Бæрæг у, Генриеттæ йын цы- дæртæ кæй амоны. Æпп’æт адæмтыл йæ цæст куы ахаста Заза, уæд бакаст сæхи клеткæмæ. Бакаст æмæ фырдисæй йæ дзых цыдæр сдзурыны æввонг хæлиуæй баззад. Артур къуымы бады æмæ газеттæ рафæлдах-бафæлдах кæ- лы. Исты ныв куы ссары, уæд æм зæрдцагæй иыккæсы, 103
стæй йæм æркæсын кæны, йæ фарсмæ цы йæхийас чызг бады, уый дæр. Заза афтæ æнхъæлдта, зæгъгæ, кæй бамбæхста, уыцы газеттæ йын райста Артур æмæ йæ афарста: — Кæм дын уыдысты? — Уæртæ сæ уырдыгæй райстон? — Гуылæвзаг цъæррæмыхстытæй дзуры Артур, Байри йæ газетты цы дæлвæйнæгмæ баппæрста, уырдæм амонгæйæ. — Æмæ сæ нæ агурдзæн сæ хицау? — Нæ. Цалдæр хатты рацыд. Нæ сæ агуырдта. Но- джы йæм уыд æндæртæ. — Ацы чызг дын чи у? , — Гертруд, — чысыл ахъуыдыйы фæстæ сдзырдта Артур. — Цæмæй йæ зоныс афтæ хуыйны. — Æз ыл æй м’æхæдæг сæвæрдтон цалдæр бопы размæ. Иæхæдæг дæр æй зоны, стæй мæ ном дæр зоны. Æццæй нæ, Гертруд? —Йæ цонгмæ йын бавнæлдта Ар- тур. Уый йæ чысыл къух авæрдта фыццаг Артуры ри- уыл æмæ сдзырдта тынг зынæй «Алту». Стæй та йæ йæхи риуыл авæрдта æм.æ уый цъус æнцондæрæй за- гъта «Гелту». Заза уыцы газетты дæр райста æмæ сæ иннæтимæ бакодта хъæмпы бьтн. Ахсæв уын сæ æз фенын кæн- дзынæн, зæгъгæ. — Æмæ Гертруд? — цыдæр зæрдæсаст хъæлæсæй бафарста Артур. — Ницы кæиы. Сом æхсæв æз Мерийæн зæгъдзы- нæн. Уыдон клеткæмæ дæ ауадздзæнис æмæ сæ Гер- трудæйæн уым фенын кæндзынæ. — Уыцы хъуыддагыл сразы Артур. Чысыл ма абадт, стæй йæ цопг ауагъта Гертруды æфцæджы. Афтæ бакодта Гертруд дæр. Кæ- рæдзиуыл нытыхстысты, афтæмæй схуыссыдысты æмæ бафынæй сты уайтагъд. 104
Байри сихор куы хæрын кодта, раст уыцы рæстæ- джыæрбацыд Зиба фæлладæмæ æрхæндæггъуызæй... — Мыййаг дæ кæд нæ хъыгдардтой ацы сырд- тæ? — къулгæрон цы даргъ бандон уыд, ууыл йæхи? æруадзгæйæ бафарста Зиба Байрийы. — Иу уæлдай сыбыртт дæр сæ ничи скодта, — æп- пæлæгау загъта Байри. — Хорз у æмæ ам нырма сабыр о.ты. Ох, абон цы диссæгтæ федтон, уый æнхъæл мæ фыны дæр никуы уыдтæн. — Байри, цæмæй хуыздæр хъуса Зибайы иы- хæстæ, уый тыххæй йæ фарсмæ æрбадт. Заза та кæд нырма æрт)æ комдзагæй фылдæр нæ ахордта сæ ка- сæй, уæддæр цыма бафсæст, уыйау йæхи айвæзта, стæй сыстад. Хæстæг бацыд, Зибаитæ кæм бадтысты, уыр- дæм. Астæрдыл йæхи ауагъта, цыма сæ хъуыды дæр нæ кæны, уыйау къулæрдæм йе ’ргом сæздæхта æмæ- сæм афтæмæй лæмбынæг хъусы. — О, æмæ сыл цы базайын кодта уыцы базыртæ, уый диссаг нæу? — Бацымыдис кодта Байри. — Хæст! — цыбырæй ныллыг кодта Зиба, стæй ма бафтыдта. — Цалынмæ хæстæн кæрон æрцæуа æмæ- Æнгæсы планетæйыл æппæт маймулитæ иумиаг æв- заг ссарой, уæдмæ ахæм змæстытæн æнæ уæвгæ нæй. Куыд æнхъæл дæ? Кæддæр маймулитæ дæр адæмау æнæмбаргæ, уыдысты. Сæ рæзты фæндагыл ныллæууы- дысты сæйраджы дæр куысты фæрцы. Маймулитæ миллионгай азтæ бахардз кодтой, цæмæй зонад æмæ- техникæйы бæрзæндтæм схызтаиккой. Уымæн æмæ< маймулитæн сæ фыццаг хæцæнгарз уыд мæцъис, стæй цыргъ бырыпкъ дур. Нæ сын уыд, кæуыл ахуыр кодта- иккой, ахæм. Адон та фабрикты, заводты æмæ вазыг- джын механизмтимæ архайынц, ахæм вазыгджын опе- рацитæм кæсынц æмæ маймулитимæ уыдон дæр- рæзыиц. Нæ кастæ, айразмæ, газеты резинæ-каучук- 105.
аразæн заводы иу адæймаг цы рационализаторон фæндон бахаста, уый тыххæй? — Нæ кастæн, — йæ сæр банкъуыста Байри. — Уый бакуыстгонд конструкцимæ гæсгæ ныр цы резинæ уадзынц, уый раздæры резинæйæ фондз хатты фидардæр у. — Кæс, дæхорзæхæй. Ау, æмæ маймулиты ахуыр- гæндтæ уый бæрц дæр нал сты? — бадис кодта Байри. — Куысты сæйраг практикæ у. Уыйта, дам, чысы- лæй фæстæмæ хъомыл дæр уыцы заводы кодта. — О, æмæ сын ныр уый тыххæй маймулитæ алцы хьуамæ^барой? — Нæй æндæр гæнæн. Маймулитæй куыстхъохм *ш у, уыдон хæсты сты. Адæмы тыхæй куы нæ цæуа •паидагонд, уæд хæстмæ чи ’рвиты хæцæнгарз? Чи сын æрвиты хæринаг? Орангутангтæ сау куыст сæ сæрмæ нал хæссынц. Сиберы ма фæстаг гориллатæ сты мах хъахъхъæнджытæ, иннæтæ Бамбирмæ аивылдысты •æыæ хæцынц мах ныхмæ. Кæсыс, абон цы ’рцыд инсти- туты? Сиберы зонадон центр уыцы институт у æмæ дзы директор ссис Боро. У.ымæн та хуымæтæджы операци саразын дæр йæ бон нæу. Чи дзы уыд, уы- дон хæстмæ ацыдысты. -Боро операци кæмæн сара- зы, уый уайтагъд амæлы. Стæй иууыл цæуы расыгæй. Æнæхъуаджы сæ æфхæры, уыдон дæр нал бабыхс- той æмæ сын ахæм митæ бакодтой. — Ныр сын цы сараздзысты? — Иу мур дæр ницы. Боро бамбæрста йæ аххос. Фæтарст, йæ куыстæй йæ куы сисой, уымæй æмæ ныл- •лæгъстæ кодта, цæмæй йæ ныссус кæной. Заза сывæллонау цин кодта, цы цаутæ хъуыста,уы- доныл. Ныры хуызæн æм никуы бахъардта абон уа æви сом, уæддæр адæм кæй ссæрибар уыдзысты май- 106
мулиты дзæмбытæй. Кæй слæудзысты сæ рæзты фæн- дагыл. Æхсæвы Генриеттæ, Мери æмæ Артурæн радзырд- та, цы фехъуыста Зибайæ, уый. Бамбарын сын кодта, кæд бирæ нæ, уæддæр чысыл, уый сомбоны стыр рево- люцийы райдайæн кæй у. Уый фæстæ хъæмпы бынæй раласта газеттæ. Ам дæр та йæхинымæры стыр буз- ныг фæцис Боройæ. Базел æхсæв кусджыты ацыдæй фæстæмæ рухсыты судзын нæ уагъта. Боро уыцы фæтк фæивта. Суанг бонмæ рухсытæ кодтой судзгæ. Ныр иугæр маймулитæ сæ куыст фесты æмæ ацыдыс- ты, уæд, дæ хъæлæба дуармæ куыд нæ райхъуыса, афтæ араз, цы дæ фæнды, уый. (Хъахъхъæнæг горил- латæ мидæмæ нæ цыдысты, кæд-иу - исты загъды хъæ- лæба фехъуыстой, кæннод). Газетты цыдæриддæр уацтæ уыд, иууыл дæр сыл фыццаг йæ цæст ахаста. Йæхинымæры бахъуыды кодта цымыдисдæр æм дзы цы фæкаст æмæ раздæр цы бакæсдзæнис, уый, Генриеттæиты йæхимæ хæстæг сбадын кодта. Бафæдзæхста сæ, цæмæй йæ фарсты- тæй ма хъыгдарой кæсгæ кæсын. 1 УАЦ Чи кæмæй равзæрд (Ацы газетæн йæ гæххæтт кæй ныббур, уымæй бæ- рæг у, тынг рагон кæй у). Маймулиады равзæрды истори у нырма зонады щуыл талынгдæр къуымтæй иу. Æндæр æмæ æндæр рæстæджы ахуыргæндтæ кастысты ацы ахсджиаг фарстмæ сæхирдыгон цæстæнгасæй. Уыцы хъуыдда- гыл дзургæйæ, ницы фæткыл бындуриуæг кодтой. 107
Ныры онг дæр ма бирæ ахуыргæндтæ лæуд сты ахæм цæстæнгасыл, цыма адæм æмæ маймулиты ’хсæн сæ равзæрдмæ гæсгæ ницы иудзинад ис. Ис ма æндæр хъуыды: цыма маймулитæ равзæрдысты адæмæй. Цы- ма маймулитæ ахæм рæзты фæндагыл ныллæууыдыс- ты, сæ физиологион сконд куыстмæ хорз арæхсынæн аив арæзт кæй у, уый фæрцы. Æрæджы археологтæ Æнгæсы цæгат быдырты цы рагон горзгты хæлддзæгтæ ссардтой, уыдон цæхгæр фæивтой æппæт ацы æнæбындур цæстæнгзесты. Уыцы горæты ссардæуыд рагон адæймзегты стæгдæрттæ, кæ- цытæ дардтой, ныртæккæ маймулитæ кæй дарынц, ахæм дзаумæттæ. Цы чингуытæ æмæ дзы документтæ ссардæуыд, уыдонмæ гæсгæ зæгъæн ис фыссынад сæм кæй уыд. Зонад земæ сæ’м техникæ уыд тынг размæ- цыд. Уæдæ ныр ахсджиаг у ахæм фарст: цы фесты уы- цы адæм æмæ маймулитæй уыдонæй йæ рæзты фæн- дагыл чи раздæр слæууыд. Цыбыр дзырдæй: чи сæ кæ- мæй равзæрд? Ацы фарстыл хъуамæ бæстон бакусой ахуыргæндтæ æмæ æрцæуой раст, бæлвырд хаццæгмæ. Шимпанзе Ширма. 2 УАЦ Ширмайы дыккаг фыдракæндон ми маймулиты ныхмæ Маймулитыравзæрды историйыл худинаджы гакк сæвæрдта Ширма. Рагæй фæстæмæ шымпанзеты ахуыргæндтæ цы æнæбындур хъуыддагыл лæуд уыдыс- ты, ома адæймæгтæ сты маймулиты рагон фыдæлтæ, уый йæм фаг нæ фæкаст æмæ кæмдæр цавæрдæр сырдты стджытæй бæлвырд кæны, цыма адæймæгтæ 108
нæ, фæлæ маймулитæ сты адæймæгты рагон фыдæл- тæ. Уый тыххæй карз æмæ æмбæлон æфхæрд баййæф- та. Фæлæ та ам дæр схæцыд, маймули уæвгæйæ, май- мулиты ныхмæ фыдракæндон митыл. Уый хотыхджын æфсæддон къорд сарæзта Æнгæсы хъæдты адæмыл цуангæнæг гориллатæ æмæ шимпанзетæй. Акодта сæ Бамбиры бæстæмæ. Уым бамбираг маймулиты фарс хæцгæйæ стыр сæрсæттæн, цæфтæ кæнынц сибераг маймулиты æфсадæн. Уый у Ширмæйы дыккаг æмæ уымæй дæр бафидауæн кæимæ нæй, ахæм фыдракæнд маймулиты ныхмæ. Орангутанг, армийы инæлар, Æнгæсы хъайтар Янике. 3 УАЦ «Хабæрттæ фронтæй» Ахæм рубрыкæйы бын ис цалдæр цымыдисаг информацийы. I Бамбиры "сæрибаргæнæг æфсад стыр зиæнттæ хæс- сынц Сиберы уæлдæфон флотæн. Фæстаг дыууæ къуы- рийы уыдон скуынæг кодтой фæндзай авд бомбæзгъа- яæджы, сæ тыхджын зенитон ракетæты руаджы æрба- дын кодтой æмæ уацары акодтой цыппор иу хæдтæхæ- джы. II Бамбиры хъæдты сарæх сты партизанон къордтæ. Уыдон бынтон æнæнхъæлæджы сæхи ныццæвынц Си- ) 109
берийы æфсæдты ’чысыл къордтыл. Цæгъдынц æмæ уацары кæнынц æфсæддон къухдариуæггæнджыты. Бынтон æнæзынд, æнæуындæй фесæфтысты фæндзай афицеры, аст инæлары, фараст дæлбулкъоны, рæн- хъон æфсæддонтæн нымæц дæр нæй. III Ширмайы партизанты къорд стыр фыдракæндон митæ кæны фронтæн. Бирæ хидтæ æмæ æфсæнвæнда- сон хæххытæ кæй спырх кодтой, уый адыл Сиберийы æфсæдтæ æнæхъæн мæй нал райстой хæлц æмæ хæ- цæнгарз. Уымæй нæ хæстонты ухсæн сытынг æнæразы- дзинад æмæ дызæрдыгдзинад. Сиберийы фсады ма цы иугай гориллатæ уыд, уыдон алыгъдысты Бамбиры æфсадмæ. Шимпанзетæ æнауæрдонæй уацары дæттынц сæхи. Иузæрдионæй ма хæцынц æрмæст орангутангтæ, фæлæ сæ ныхмæлæууæдэюы тыхтæ æмæ уавæртæ зын- гæ кæй фæфылдæр сты, уымæ гæсгæ ма фæуæлахиз: уæму ууыл зæрдæдарæн нал ис. 4 УАЦ Фæсыкк космосы. г (Ацы уац дæр уыд иу цавæрдæр зæронд газеты: Æвæццæгæн сæ Байри истытæ атухыиæн рахæссы ис- куыцæй). Æнгæсы маймулиты зонад æмæ техникæйы рæзты стыр цау уыд космосмæ, йæ бортыл удæгас цæрæгой- тæ кæмæн уыд, ахæм нау йуадзын. Фæлæ ахуыргæнд- тæ æмæ конструктортæ цыдæр хорз кæй нæ бахын- цыдтой, уымæ гæсгæ нау фæсыкк ис космосы. Раздæр; 110
бахынцыдгонд программæйæн дзуапп нæ радта. Фæ- иртæст йæ фæндагæй æмæ æбæрæг сæфт фæкодта. Афтæмæй уыцы нау ницы ахъаз фæцис зонадæн, æнæ~~ уæлдæф тыгъдады удæгас цæрæгойтæн цавæр цæры- ны-фадæттæ ис, уый базонынæн. Уыцы газетты фæрцы бирæ цыдæртæ базыдта За- за маймулиты цардæй. Фæлæ йын уæлдай æхсызгон- дæр уыдысты хæсты цаутæ. Цас "фылдæр цæгъдой маймулитæ кæрæдзи, уыйас тагъддæр ссæрибар уы- дзысты адæм. Иугæр куы ссæрибар уой, уæд та сып тынг зын нæ уыдзæн оæ рæзты фæндагыл ныллæууын. Заза ныридæгæн хъуыды кæиын байдыдта иу стыр хъуыддагыл. Цалынмæ зæххыл цард, уæдмæ куыста атомы фарстыл. Ныр иугæр адæм куы ссæрибар уой- ам, уæд атомæй хъуамæ спайда кæна адæмы фæрны- гадæн. XVIII. Заза -йæ къухтæ йæ синтыл сæвæрдта, афтæмæГг залы къуымты дыууæрдæм рацу-бацу кæны. Йæ цыт- джын маймулитыл та цы бæллæх сæмбæлд, ууыл. хъуыды кæны, фæлæ ницы ахсы йæ зонд. Йæхи æфхæ- ры, нырма Байриимæ иумиаг æвзаг ссарыиыл кæй нæ- бафæлвæрдта, уый тыххæй. Зæрдæ саст, æнæрай сыл маймули. Иæ зæрдæмæ йын иучысыл фæндаг ссар, уæд ыл арæхстгай лæг иууылдæр æрзилид. Кæс-ма йæм нььр куыд тыхст æмæ æрхæндæггъуыз у. Афтæ зыны, цыма иучысыл ныфсы дзырдыл йæ уд дæр рад- тид. Заза рахъавы, бацæуа йæм æмæ йæ бафæрса цы ’рцыдис, уымæй. Фæлæ уыцы тыхстæй, ахæм æнæн- хъæлдэæджы цау куы фена, уæд куы фæтæрса æмæ^ фæдисы хъæрыл куы схæца, уымæй æдас нæу. Заза* 111'-
фæлтау цсты бæрæг базоныны ныфсæй йæхи дуармæ хæстæг ласы. Кæсы æддæмæ. Цæстæнгасæй агуры хъахъхъæнæг гориллаты. Никæцæй зынынц. Зиба æмæ Боро иу уад æрбакодтой залмæ. — Дыууæрдæм тынуафæг хæлуарæджы уад кæн. Уый цæй куыст у? Цы сарæзтæуа иунæгæй ацы змæсг рæстæджы? — Ца^мæйдæр хъаст кæны Боро. — Кæй æрбадæлдзæх сты, уый диссаг нæу, цытджын Боро, — цыма Боро топпы хос у æмæ куы фæпæртт кæна, уымæй тарст, уыйау арæхстгай дзуры Зиба, — фæлæ уый хуызæн вазыгджын механизммæ афтæ арæхстгай бавнæлдтаиккой, уый мæ нæ уырны. — Уæдæ чи уыд дæумæ гæсгæ? — мæсты зылд æм фæкодта Боро. — Ницы мæ сæрæн зонын. Фæлæ кæд уыдон уы- дысты, уæд сæ цæмæн ’бахъуыд прибортæм афтæ арæхстгай æвналын? Бынтон сæ куыд нæ ныппырх код- той? — Нæ сæтты Зиба. — Хæйрæджыты хай фæуæнт иууылдæр, — йæ дзæ- мбы ауыгъта Боро. — Марадз уыцы зæронд хъембы- ры бафæдзæхс. Йæ хъус дзæбæх дара ацы сырдтæм, æндæра хъахъхъæнджытæ кæй нал ис,. уый куы фæха- той, уæд гæнæн ис æмæ алидзын дæр æрцæуа сæ зæр- ды. А, гъа! Ныр бамбæрста Заза маймулиты катай: Си- беры ма цы дыууæ фæстаг гориллайы уыд, уыдон дæр фæлыгъдысты, фæлæ халгæ цы фæкодтой, уымæн ни- ды зоны. Зиба рацыд хæринаггæнæнæй. Цæугæ-цæуын загъ- та Боройæн. — Цæуæм. Дардзæн сæм йæ хъус. Æнæуи дæр адо- нæн ницы тас у. Уыцы бæрзонд æмбондæй нæ ахиз- дзысты. — Ацыдысты. Чысыл фæс^æдæр Байри рахызт йæ хæринаггæнæнæй. Дуармæ ауад. Æвæццæгæн ка- 112
уы дуæрттæ куыд æхгæд сты, уый бæрæггæнæг. Фæс- тæмæ хъуыр-хъуыргæнгæ ’æрбаздæхт. — Ай бæстыл туджы зæй цæуы, адон та ма æм- ■бырдты мæт ис. Фжрæты цæгатæй къуымыхдæр ссис оæ зонд. Байри йæ хатæны дуарæй куы фæмцдæгæй, уæд Заза йæ цæст ахаста залы къуымты. Иугæр Байрийæ дарддæр маймули змæлæг нæй ам, уæд уым<æй ницы тас у. Иæхи нæ батыхсын кæндзæнис адæмы цур лæу- уывæй, уæд гæнæн ис æддæмæ ацæуынæн. Рацыд уынгмæ. Зиптун Æнгæсы арвыл уæлиау отылд. Иæ тынтæй рæвдауы æрдзы. Зазайы буар цы- дæр æхсызгон хъыдзы скодта Зиптуны тынты хъар- мæй. Дыккаг уæладзыгмæ цы асин цæуы, уый куы ауыд- та, уæд æм цыдæр бæллиц фæзынд уæлæмæ схизыны тыххæй. Уынгты йæ цæст ахаста, мыййаг æй искуыцæй маймули уыны æви нæ, уый тыххæй. Иу змæлæг дæр куы никуыцæй зынд, уæд фæраст. Рог суад асинтыл. Хъавгæ-хъавгæ ацыд каридоры. Дуары æддейæ бай- хъуыста. Куы ницы хъæлæба дзы цыд, уæд сындæггай бакодта дуар. Æртæ сылгоймаджы иу къуымы ба- дынц. Цæуылдæр æхсызгон ныхас кæнынц. Дуары хъæр куы фехъуыстой, уæд фестадысты. Сæ цæсгæмт- тыл цыдæр тасгъуыз фæзынд, фæлæ Зазайы куы ба- зыдтой, уæд йæ размæ рауадысты. — Уæ бонтæ хорз, мæ Æнгæсаг хотæ. Зæрдиаг са- лам уын дæтты уæ зæххон æфсымæр Заза. — Сæ къух- тæ сын исы. — Зæхх циу, зæхх? — дисгъуызæй йæ фæрсы иу ус. — Зæхх у Æнгæоæй егъаудæр планетæ. Уым адæм сты амы маймулитæй бирæ зæндджындæр. Бирæ раз- м’æдзыддæр сæм у зонад æмæ техникæ. 3, Къæбысты 3. 113
— Æмæ уæд маймулитæ та? — цыдæр æнæууæнк- гъуызæй афарста æндæр ус — Маймулитæ кæмдæриддæр маймулитæ сты, кæ- цытæн адæмы рагон фыдæлтимæ æрвадæлондзинад уыд. Махмæ маймулитæ сты амы адæмæй бирæ æнæм- баргæдæр сырдтæ. Махмæ зæххы хицау сты адæм. Æнгæсы хицау дæр кæддæр адæм уыдысты. Уый тых- хæй æз чысыл цыдæртæ базыдтои газетæй. Йæ фæстаг хицæуттæ дæр хъуамæ суой адæм. Уый тыххæй хъæуы тох кæнын. Æнгæсы маймулитæн сæ цард уыйбæрц сæ сæры бацыд æмæ кæмдæр хæсты кæрæдзи цæгъдынц. Чи ма дзы баззайа, уыдон та хъуамæ фæцæгъдæм мах æмæ нæ фыдæлтæ сæ цард цы Æнгæсыл арæзтой, уым æй хъуамæ мах адарддæр кæнæм. — Хъус-ма, Заза, — йæ цонгмæ йын бавнæлдта, ибон асины бынцы усылфембæлд, уый. — Дæ ныхас дын сæххæст кодтам. Операцигæнæн залы цыдæрид- дæр прибортæ ис, иууыл дæр дзы ахæм хæйттæ систам æмæ оæ иу орангутанг дæр аразын нæ базондзæн, æр- мæст ныл кæд нæ фæдызæрдыг уой, — йæ сæр бан- къуыста. — Тæрсгæ ма кæнут, — ныфс сын æвæры Заза, ома, уыцы приборты сыхæлд æмæ хъахъхъæнæг го- риллаты фæлыгъд æрцыд цу рæстæджы. Æз Боромæ куыд байхъуыстоп, афтæмæй сæ уыдон æфсон кæ- нынц. — Ау, уыцы хъахъхъæнджытæ ам нал сты? — Нал. Фæлыгъдысты. — Уый хорз, — бацин кодтой сылгоймæгтæ. — Ныр-иу уæм ныууайдзыстæм. Иннæ маймулитæй нæ ничи хъыгдары. — Арæхстгай архайут. Уыцы прибортæй кæй сис- тат, уыдон ма фесафут, искуы нæ бахъæудзысты. — Нæхи хъуыдыйы дæр уыд ахæм хъуыддаг, — 114
асппæлæгау бакодта устытæй иу. — Исдуг сæ къах- æвæрæны ауадзынмæ хъавыдыстæм, стæй та æрхъуы- ды кодтам æмæ сæ бафснайдтам. — Еныр ма мæм сымахмæ ис иу куырдиат. Искуы уын махмæ цæуыпы фадат куы фæуа, уæд мын самал кæнут къарандас æм>æ иуцалдæр тетрады. — Кæд дæ фæнды еныр дæр дын ссарæм. — Мæнæн хæссæн нæй. Кæм сæ бамбæхсон. Хæри- наггæнæг мæ куы фена, уæд фæдызæрдыг уыдзæн. — Уый даер раст у. — Сразы сты устытæ. — — Æз сараздзынæн уыцы хъуыддаг, — йæ риу ба- хоста, устытæй бæзæрхыгдæр чи уыд, уый. — Ныр уал цæуон. Æнхъæлмæ уæм кæсдзынæн. — Сынтæджыты хуыссæг адæмыл ма иу хатт йæ цæст ахаста æмæ рацыд. Уыпгмæ куы рахызт æмæ сугты цагъды цур æр- дæгсаст суг фæрæтимæ куы федта, уæд бамбæрста, Байрийы суг кæй хъæуы, уый æмæ сфæнд кодта йæ зæрдæ йын алхæнын. Раздæр уал залмæ бацыд. Ген- риеттæ сылгоймæгты ’хсæн радон «урок» уагъта æмæ йæ нæ бахъыгдардта. Артур æмæ Гертруд иу къуымы бадтысты астæрдыл æмæ къуырццытæй хъазыдысты. Уый сын Заза бацамыдта. Уыцы уавæры сын æндæр хуыздæр цы хъазт бадамыдтаид, уый нæ зыдта. Арту- рæн йе ’нгуылдзтæ хуыздæр тасыдысты. Арæхдæр-иу фæраст кодта йе ’нæном æнгуылдз, Уый та Гертрудæп никуыд раст кодта. Уæд-иу æнгуылдзтæ æмткæй фес- х’йæл сты. Артур-иу куы базыдта, Гертруд мæсты кæ- ны, æгæр арæх æй кæй хъæуы йæ цæстытæ ’хгæнын, уый тыххæй, уæд та-иу фæраст кодта йæ амонæн æн- гуылдзтæ. (Гертрудæн æнцонæй раст кодтой æрмæст амонæн æмæ хистæр æнгуылдзтæ). Заза сæм хæстæг бацыд. Сæ цуры æрбадт æмæ Артуры бафарста, зæгъ- гæ миййаг Байри рацыд æмæ искæй агуырдта? П'5
—Нæ рацыд, нæдæр агуырдта, — загъта Артур, æмæ та йæ цæстыты йæ армы тъæпæнæй бамбæрзт.а. Заза æнæмæтæй сулæфыд. Сыстад. Акаст фæйиæ- рдæм, ноджы ма цалдæр раны къæйттæ-къæйттæй ба- дынц Артуриты йас сабитæ æмæ уыцы хъазтыл фæл- варынц. Иуæй-иутæ райдыдтой арæхсын, фæлæ дзы бирæтæ нæма зонынц сæ амонæн æнгуылдзты хистæр æнгуылдзтæм куыд фæбыцæу кæной æмæ дзы йæ цæс- тыты армы тъæпæнтæй чи бамбæрзта, уыдон уæ- лæрмттæ куыд бацæвой. «Ницы кæны. Фæлваргæ кæй кæнынц уый дæр æн- тыст у», — ахъуыды кодта Заза æмæ æддæмæ рацыд. Систа фæрæт, кæдæй нырмæ нал уыд йæ куыстуарзаг къухты кусæнгарз. Армы тъæпæнтæ, æхсад хæцъилау, .сурс сты. Сабийы фыццаг къахдзæфтау фæрæты сис- та хæрдмæ, ризгæ. Æрцавта дзы суг. Æмбисонды æп- цон фæдæи разынд. Уайтагъд æрæсхъистæ кодта, суг- сæттæиыл чи лæууыд, уыцы фæстаг къуыдыры, стæй саст сугты кæрæдзийыл аив æрцагъд кодта. Райста æндæр суг. Куыддæр фыццаг цæф æркодта, афтæ тарстгъуызæй йæ уæлхъус æрбалæууыд Байри. Ам кусын куы райдыдта, уæдæй ны’рмæ йæ бæсты И|у схъис дæр никуыма ничи ’ркодта. Æмæ ныр фæрæ- ты хъæр куы айхъуыста, уæд æм дис фæкаст. Чи йыл фæзæрдейæ ис, зæгъгæ. Заза фæхатыдта йæ тас. Фæ- рæт йæ уæхскыл æруагъта æтæ йæм йæ мидбыл худ- 1æ кæсы. — Ау, адæймаг дæр суг оæттынмæ арæхсы? — йæ дзæмбытæ ныццагъта Байри. ч — О... Куыд уыныс, афтæ. — Сыгъдæг маймулиты æвзагæй сдзырдта Заза. — Æмæ дын чи бацамыдта? — Ничи. Дæумæ-иу кастæн æмæ сахуыр дæн, — 116
Зазайы нæ фæнды, чи у æмæ кæцæй æрцыд, уый тых- хæй ныхас кæнын. — Фæлæу-ма, фæлæу, — дызæрдыджы цæстæй йæм бакаст - маймули. — Сугсæттынæй дæ фæрсын, фæлæ мемæ афтæ æмбаргæ ныхас кæныс, æмæ уый та кæцæй базыдтай? — Уымæн дæр ницы зонын. Æрдзæй рахастон ахæм курдиат, <æв.æццæгæн. Кæд-иу дын исты куыст уа, уæд-иу мын зæгъ. Алы ран дæр дын сбæздзынæн æх- хуысга^нæгæн. Æз цалдæр азы фæкуыстон иу заводы, алцы дæр дзы сахуыр дæн. Уый фæстæ фæрынчын дæн æмæ ардæм рахаудтæн. — Æмæ дыл афонмæ операци куыднæ сарæзтой?— бадис кодта сыл шимпанзе. — Бадын мæхицæн гобийау. Никæй хъыгдарын æмæ мыл цы аразой. Дæуы йедтæмæ иу маймулиимæ дæр никуы сныхас кодтон. Кæд исты тас у, уæд мæ ма схъæр кæи. Дæ хорздзинад дын иузæрдион лæггадæй бафиддзынæп. — Мæн та цы хъæуы, иууыл бындзагъд куы суаик- кой маймулитæ мæ мой æмæ мæ дыууæ фырты тæри- гъæдæй, уый дæр мæ фæнды. Æрмæст ма мæ мæ чыз- джыты мæт ис, — бакатап кодта. — Кæд дын хæдзары исты куыстытæ вæййы, уæд мæ-иу акæн. Алцы дæр дын араздзынæи. Æрмæст дæ ацы хъуыддаг æз кæй домын, уый макæмæн зæгъ. Цы- ма дæхæдæг фæхатыдтай мæ арæхстдзинад, афтæ ра- вдис дæхи. ^ — Куыст дæр ™ын бæргæ вæййы. Цæхæрадои мын хорз ис æмæ æвæгæсæгæй сæфы. Мæхæдæг иууыл ам вæййын. Чызджытæ ахуыр кæнынц. Стæй нырма къан- пæджытæ сты. Цы сæ бон у? Байрийы кæд дисы бафтыдтой Зазайы æмбаргæ ахастытæ, уæддæр цæмæндæр æлгъгæнгæ ныхас код- 117
та йемæ. Сиберы ныр уый бæрц диссаг нал .уыд, дзур- гæ чи кæны, ахæм адæймаг фенын, фæлæ уæддæр маймулитæм зын каст семæ ныхас’кæнын. Байри ма чысыл алæууыд, стæй сугтæ ахаста æмæ ацыд. Заза ,дæр йæ суг фæцис саст, стæй бацыд мидæмæ. Куыд- дæр къæсæрыл фæцæйхызт, афтæ йæ хъустыл ауад кæйдæр дзурын. Фæзылд. Асины бын лæууы, æрдæ- бон фыссæнтæ самал кæныны хæс йæхнмæ чи айста, уыцы ус. Заза мидæмæ бакаст. Байри фæаууон хæ- ринаггæнæны, уый куы базыдта, уæд фездæхт. — Уæдæп нырмæ ам лæууыи, — бахудт ус, æмæ йе- тарæй фелвæста фондз тетрады, стæй æртæ цыргъ къа- рандасы æмæ иу чысыл хæрынкъа. — Уымæй та-иусæ цыргъ акæн.- — Стыр бузпыг. Мидæмæ нæм рацу. — Еныр нæ. Ныр Бороитæ тагъд æрбацæудзыс- ты, — загъта ус æмæ фездæхт. Заза тетрæдты йæ фæс- чъылдым æмбæхстæй бахаста, фæлæ Байри залы куы нæ уыд, уæд тагъд-тагъд бауад æмæ клеткæйы фæстæ пытъыста йæ хæзнаты. (Сæ хъæмпы сын арæх ивтой æмæ сæ уый бын куы бакодтацд, уæд гæнæи уыд æмæ йын оæ ссардтаиккой). XIX. Байрипы хæдзар — иу егъау хатæн æмæ мæнга- гъуыст тыргъ. Æртæ згæхæрд сынтæджы. Зæронд дзаумæтты скъапп. Хуыздæрæй сæм цы уыд, уый те- левизор, радиоисæн æмæ мигæнæнты ног скъапп. Чыз- джытæ уыд хæдзары цыппар, нырма æцæг къаннæ- джытæ. Сæ бакаст, — маймули цы вæййы, уый. Нæ- дæр сæ фыры хъулты хуызæн схопæн ис, нæдæр зæгъæн нс, зæгъгæ сæ хуртæ æмæ мæйтæ кастис. За- 118
зайы бацыдыл ницы уадиссаг бадис кодтой. Æвæц- цæгæн сæ раздæр бафæдзæхста сæ мад, стъолы алы- варс бадтысты æмæ цавæрдæр рардтыл быцæу код- той. Заза сæм иудзæвгар фехъуыста. (Ныр бæндæн йæ хъуырыл нал уыд. Хæдзармæ йæ куы бакодта Байри, уæд ыы æй рафтыдта. «Æнхъæл дæнæмæ мæ хъыджы нæ бацæудзынæ. Нæ алидздзынæ». — Цыдæр .лæгъзтæгъуызæй йæ бафæдзæхста). Сындæггай сæм хæстæг бацыд. Æркаст рардмæ. Чызджытæй алчи дæр бирæ фæхъулæттæ кодта, фæлæ дзы рардмæхæс- тæг дæр ничи бацыд. Заза райста къарандас. Иу •сыгъдæг сыф рафæлдæхта æмæ уайтагъд ацарæзта рард. Чызджытæ дисгъуызæй иу каст Зазамæ кодтой, иннæ — йæ къухты змæлдмæ. Куы фæцис, уæд ынчи- ныджы йæ дзуапп асгæрстой æмæ сæ йадмæ хæрзæг- курæггагау хъæр кодтой. Уый тыргъы цыдæр ар- хайдта. — Гыцци, кæс-ма дæ адæймаг алгебрæ куыд хорз зопы. Нæ рард нып ацарæзта. Байри алгебратæ йед- тæн йæхæдæг ницы æмбæрста, фæлæ чызджыты иы- хасыл дæр нæ баууæндыд. Кæцæй хъуамæ зопа адæй- маг, скъолайы цытæ ахуыр кæнынц, уый... Заза æмæ Байрийы чызджыты ’хсæп уыцы изæр сырæзт хæлардзинад. Уый сын сарæзта рардтæ гео- метрийæ, алгебрæйæ, тригонометрийæ. Зазайæн исдуг зын уыд лæппын маймулиты ’хсæп бæгънæгæй уæвын, фæлæ фæстагмæ ныхæсты афтæ ;аныгъуылдысты æмæ дзы йæ уавæр бынтондæр æрбайрох. Тынг æй фæндыд хæст кæимæ цæуы æмæ йæ аххосаг циу, уый тыххæй искуы газеты, науæд ис- ты чиныджы бакæсыи, фæлæ уыцы изæр нæ бафтыд йæ къухы. Байри нæ фæиртæста чызджытимæ ныхас жæныпæй. Акодта йæ суг сæттыпмæ. Сугты цагъд уыд дæхæрадоны цавæрдæр бæласы бып. Заза йæм скаст. 119
Цыдæр дыргъы лыстæг гагатæ йыл кæмдæрты æрца- уындзæг сты æртæхтау. — Уый фæткъуы хуыйны, — æгæр лыстæг æм куы» каст, уæд сдзырдта Байри. — Æмæ уымæй ставддæр нæ кæнынц йæ дыргъ- тæ? — бацымыдис кодта Заза. — Уый, кæд ставд нæу, уæддæр иууыл хæрзаддæр фæткъуы у Æнгæсы бæстæйыл, — раппæлыд дзы Бай- ~ри æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Мæ мæгуыр мой йæ, чысыл ма куы уыд, уæд æрхаста кæцæйдæр. — Дæ мой кæм ис ныр? — цыма ницы зыдта( æп- пындæр, уый фарст æй акодта. — Хæсты амард. — Æмæ кæимæ хæцыд? — Уыдон политикæйы хъуыддæгтæ сты æмæ сын æз ницы хатын. Æрмæст зонын уый, æмæ дзы мæ мой пæ дыууæ фыртимæ кæй фæмард. — Дæ мой дæр шимпанзе уыди? — Уæдæ цы. Мыййаг мах дæр адæймæгтæ куы нæ стæм. Æма& фосау кæй кæимæ бафæнда, уымæй куы нæ цот кæ- нæм. — Ах! ах-æм æфхæрд дзы нæма баййæфта Заза. Ныртæккæ куы пыххурх кæнид Байрийы йæ маймули- йы лæппынтимæ, уый дæр æй бафæидыд, фæлæ уы- мæй йæхи дæр, рацæуæн кæцæй нал ис, ахæм уавæры æппары æмæ йæ мастыл дæндагæй ныххæцыд. Æрсаста суг. Уæдмæ æхсæв’ы тар фæдджитæ сæхи æруагътой Æнгæсы æрдзыл. Ссыгъдысты электроны цырæгътæ. — Ацæуоп ныр/—сдзырдта Заза. — Фæлæу. Базелы лабараторийы нырма уæгъди- барæй цæуæп иæй адæймæгтæн, — загъта Байри æмæ рахаста бæндæн. Уыпгты тезгъо кæпыиц сыл маймулитæ. Сæ уæлæ •120
уæраджы сæртæй ноджы уæлдæры онг сау уынгæг къабатæ. Цыбырдысджын сау кофтæтæ. Сæ къæхтыл сау сæракæй æрмкъухы хуызæн хилджын дзабыртæ.. Сæ хъуынджын цæнгтæ æмæ фыдуынд уæрджытæ ныггом кодтой. Сæ хæмхудты хъуынтæ иууылдæр сау ахуырст. — Байри, ды ма кæддæры æгъдæуттæ дæ зæрдыл- дарыс, — иу раы æй æрурæдтой дыууæ æвзонг сыл маймулийы. л — Цæмæн афтæ зæгъут?—нæ бамбæрста Байри маймулиты хъуыды. —Ацы сырдтæ маймулитæй фылдæр тезгъо кæ- кынц уынгты уæгъдибарæй. Ды та ма дзы кæмдæр иу æрцахстай æмæ йæ, æрмахуыр сæныккау, бæндæ- нæй ласыс. — Ныххудтысты. Заза ацы хатт йæхи нал баурæдта-æмæ мæстыгъуызæй сдзырдта. — Æвæдза уыцы дзаумæтты сымах фыдуынд, уæнгты бæсты сыл адæймаджы фидауцджын уæнг- тыл скæн, уæд куыд рафидауид, уый уæ цæстытыл нæ уайы. Маймулитæ йæм исдуг дызæрдыджы цæстæй нык- кастысты, стæй хъæрæй ныххудтысты. — Уый дын æрмахуырæй уæлдай дзурын дæр куы зоны. Ам æй уынгты ралас-баласы бæсты циркмæ куы бакæнис, уæд дæ æхцайæ байдзаг кæнид. — Хуымæтæджы цæстæй йæм ма.кæсут. Ахæм рард- тæ скодта æмæ сæ сывæллæттæн, мæ зæрде, сæ ахуыр- гæнæг дæр зынæй фæаразы. — Раппæлыд дзы Байри. — Уый та дзыхъхъынног аргъау. Маймулиты дзы- хæйдзургæ сфæлдыстад чи æмбырд кæны, уыдон æй* куы фехъусиккой, уæд æй уайтагъд амыхуыр кæ- никкой, — ноджы тынгдæр худынц сыл маймулитæ Байрийы ныхæстыл. — Кæд уæ нæ уырны, уæд-иу нæм сом изæр хæ- 121!
дзармæ рацæут æмæ уæхи цæстæй фенут, куыд ара- зы рардтæ, уый... Дыккаг изæр æцæг фæуазæг сты Байритæм уыцы дыууæ сыл маймулийы, адæймаг рардтæ куыд араз- дзæн, уып уынæг. Уыдон сæхæдæг разындысты педагогон институты математикæйы факультеты студенттæ. Уыцы изæр ма Заза базыдта ахуыры фæтк. Цæвиттон, сæрмагонд программæ ис астæуккаг скъолайæн. Уый чи кæд ба- зона, фæлварæнтæ дзы тынг хорз чи кæд радта, уæд ын фæудыл нымайынц астæуккаг скъола æмæ йын радтынц аттестат. Бирæ йæ фæвæййы æхсæз-авд аз- мæ. Бирæ та аххæссы суанг фынддæс азмæ дæр. Уæдмæ йæ чи нæ базона, уый рацух æрцæуы скъола- йæ æмæ йын дарддæр ахуыр кæныны бар иал вæййы. Ахæм фæтк ис уæлдæр ахуыргæнæндæтты дæр. Æр- мæст ам та баззайæн ис иууыл фылдæр дæс азы. Уæдмæ чи нæ базоны программæ æнæхъæнæй, уый дæр рацухгонд æрцæуы. Нымад нал æрцæуы йæ ас- тæуккаг скъолайы ахуыр дæр. Никæцы уагдонмæ йын нс кусынмæ бацæуыны бар. Йæ цæрæнбонты баззапы саукусæгæй. — Афæстаг рæстæджы уæлдæр ахуыргæнæпдæтты дæс азы онг дæр хæрзстæмтæ баззайынц, — дзырд- той студенттæ Байрийæн. Æхца радт æмæ^ исты зо- ныс, æви нæ, уымæй дæ ничи фæрсы. Заза рардтæ афтæ рæвдз кæй арæзта, уый дисыл бафтыдта студентты. — Нæ, фæлæ афтæ хорз кæм базыдтай ацы зын предмет? — фæрсынц æй цымыдисæй. — Сымах æхсæн дæр ис зæрдæхæлар маймули- тæ. — Мæнг иыхæстыл схæцыд Заза.—Æз хæрз чы- •сылæй бахаудтæн иу стыр ахуыргонд шимпапземæ. Цуаион гориллатæй мæ балхæдта. Иууылдæр мæ й22
дардта йæ кусæп уаты. Тынг бирæ рæстæг хардз код- та мæнæн математикæ амоныныл. Уый фæстæ амард. Æз æнæ хицауæй баззадтæн. Уынджы мæ æрцахста иу горилла æмæ мæ Базелы институтæн ауæй кодта. Байри йæуазджытæн скодта сойы фыхтæ. Магазн- нæй æрбахаста иу сæны авг. Цæхæрадоны йæ лæппын- тæй иуæн æртонын кодта рæгъæд памидортæ. Скарс- та салат. Хæргæ-хæрын маймулитæй алчи дæр ар- хайдта Зазайы ’рдæм нæ кæсыныл. Æвæццæгæн сæм адæймаджы уынд афтæ æлгъаг каст æмæ уымæ кæс- гæйæ сæ зæрдæ хæрд нæ уагъта. . Заза уæздан бадт æркодта фынгыл. Райста къус, вилкæ, Къусмæ равгæдта памидоры кæрстытæ, вил- кæйæ æрбайста сойы ф|ых уæливых. Анызта иу агуыв- зæ сæн. Байрп акуывта, цæмæй хæст рæхджы фæуа æмæ æвзонг сыл.маймулитæн сæ мойæгтæ тагъд æрæздæ- хой сæ хæдзæрттæм, уый тыххæй. — Ахæм амондмæ æнхъæлмæкæсæн, æвæццæгæн, лалдæр ис, — æнкъардгъуызæй бахъуыр-хъуыр кодта студенттæй иу. — Тæрсгæ ма кæн. Маймулитæ куынæуал уа, уæд иæл адæймæгтæй уæддæр мой кæндзыстæм,—хъазгæ- мхасæн ын ныфс авæрдта иниæ студент. — Уый тыххæй хъуамæ уæ мукъутæ хæрзуынддæр уой, — Заза нозт ахуыр нал у æмæ йын, æвæццæгæи, сæн уайтагъд йæ сæры магъз сызмæлын кодта. — Кæс, дæ хорзæхæй, — хинæйдзаг худт бакодта студенттæй иу. — Зæгъæм, мæ хуызæн рæсугъд, æв- зонг маймули сфæнд кодта дæуæй смой кæнып, уæд цы зæгъис?—зыны йыл, ахыпджыл’æг кæпыи чи уарзы, ахæм кæй у. — Цалынмæ маймули уай, уæдмæ дын рæсугъд З’æвæн нæй. Кæд æрдзы ахæм диссаг æрцæуа, æмæ 123
адæймаг фестай, уæд дæ бон у, мæ хуызæн ацæргæ нæг фæлæ дæхийау æвзонг лæппуйæ смой кæнын. Чысыл маймулитæ зæрдиагæй хъусынц Зазамæ,, сæ рардтæ сын кæй саразы, уый тыххæй йæ бирæ бауарзтой, æмæ сын æхсызгон вæййы, чи дзы хын- джылæг кæнынмæ хъавы, уыцы студенттæн аккаг дзуапп куы радты, уæд... Ацы хатт фæстæмæ цæугæйæ Заза бæндæн йæ хъуырыл кæнын нал бауагъта. —Дæу тынг зæрдиагæй куы фæндид, Байри, уæд- дæр æз нæ алидзин. Куы йæ зоныс, мæнæн бинонтæ кæй ис. Уыдонæй кæдæм хъуамæ фæлидзон? . — Уæддæр æгъдау афтæ амоны, — нæ фæнды Бай- рийы адæймагмæ байхъусын. — Уый, чи зоиы, кæддæр уыд. Ныр уынгты æнæ- бастæй цал адæймаджы рацæуы. Цæуылнæ исчи фæкæны уыдоны бæндæнæй бастæй. — Зазайы уыцы ныхас басаста Байрийы. Бæндæн йæ къухы рахаста. Фæндагыл сыл амбæлд айдагъ, цыбыр хæлæфтæ кæуыл уыд, ахæ,м адæймæгты къорд. Зæрдиаг ныхас кодтой цавæрдæр заводы куыстыл. Куы сæм бахæц- цæ сты, уæд Заза йæ дыууæ армы кæрæдзимæ ныл- хъывта æмæ сдзырдта хъæлдзæгæй. х — Зæрдиаг салам уын, мæ зынаргъ æфсымæртæ, профессор Зазайæ, — лæппутæ дзыхълæуд фæкод- той. Ныккастысты Зазамæ. Уый фæидыд семæ аны- хас кæпын, фæлæ сыл Байри фæцъæхахст кодта: — Чи уын радта сымахæн уынгты ныхас кæныны бар! — Лæппутæ уайтагъд фæцæуыныл сты. Бæрæг уыд, нырма маймулитæй сеонджы фидар мигъ кæй ис. — Адоныл цы уæлдай ис хæлæфтæ? — иудзæвгар æнæдзургæйæ ауайыны фæстæ бафарста Заза. — Уыдон резипæаразæн заводы раззагон кусджы- 124
тæ сты. Сæхæдæг æрымысыдысты резинæйы тыхджын хорз хуыз. Уый тыххæй сын сæ зæрдæ алхæныны охыл радтой ацы дзаумæттæ. Байри уазал кас бахæрын кодта адæмæн. Заза нал бахордта. Байритæй хæрдджынæй рацыд. Генриеттæ нæ зыдта уыцы хъуыддаг æмæ тынг тыхст, зæгъгæ кæд дзы кæнæ исты риссы, кæнæ та йæ исчи баф- хæрдта. Заза йын бамбарын кодта хъуыддаг æмæ уæд æрсабыр. Куыддæр хæрд фесты æмæ сын сæ тæбæгъ- тæ систа Байри, афтæ фæцæуæг. Адæмæн ницы загъ- та сæ бынæттæм бацæуыны тыххæй. Бирæтæ дзы сæхигъæдæй бацыдысты æмæ схуыссыдысты.Заза дæр бакодта йе ’мбæлтты. Æнхъæлмæ кæсы, ахсæв хъахъ- хъæнæг чи у, уый кæд æрбацæудзæн. Кæд сæхгæн- дзæн клеткæты дуæрттæ. Уæдмæ-иу нæ уæндыд фыс- сæнтæ сисын æмæ фыссыны «урок» райдайын. Хъахъхъæнæг гориллатæ куы алыгъдысты, уæдæй фæстæмæ кусджытæ æхсæв хъахъхъæнæг уыдысты радгай. Ничи зыны. Заза æнæуи ныхæстæ кæны. Дзуры сын, зæххыл адæм куыд цæрынц, уыдæттæ. Иурæс- тæджы дуарæй æрбайхъуыст къæхты хъæр. Заза къу- хæй ацамыдта йе ’мбæлттæн. Иууылдæр ахуыссы- дысты хъæмпыл. Уалынмæ, хуыснæгау, хъавгæ æр- бацыд Зазайы хæлар ус операцигæнæн хатæнæй. За- лы куы ничиуал уыд, уæд бауад Зазамæ (уæдмæ уый растад йæ размæ). — Байри ацыд? — фæсусхъæлæсæй бафарста. — Ацыд. — Уæдæ никæмæй уал у тас. Ахсæв хъахъхъæнын Боройы рад у. Фыдрасыгæй æрбацыд. Уым иу сын- тæгыл ныххауд æмæ марды хуызæнæй хуыссы, — хъæлдзæгæй дзуры ус, стæй йетарæй райста æртæ тет- рады æмæ иу чиныг. 125
— Адон та уал дын рæстæгмæйы фаг сты. — Стыр бузныг, — загъта Заза йæ лæвар исгæнæг. стæй ма йæ дзырдмæ бафтыдта, — хъус-ма, кæдæй нырмæ зонгæ стæм æмæ дын дæ ном нæ зонын. Ис дын ном? — Ис. Мах не тртæ дæр кæрæдзи Зиратæ хонæм. Институты куыста иу диссаджы хæларзæрдæ сыл шим- панзе. Зира хуынд. Уый помæй хонæм мах дæр кæ- рæдзи. —Гъе, æмæ хорз. Æз дæр дæ Зира хоидзынæн. Зира йетарæй райста иу гæххæтты тыхтон. Рай- хæлдта йæ. Уыднс дзы, дохтыртæ судзип кæмæй фæ- аразынц, цыдæр ахæм мигæнæн. ’ — Зоныс, уый циу? — бафарста Зазайы. — Медицинæйы хъуыддæгты тыпг рæвдз нæ дæн, фæлæ, æпхъæл дæн, æмæ судзип аразæн уыдзæн,— дызæрдыггъуызæй сдзырдта. — Уый æрымысыд иу стыр ахуыргонд шпмпанзе Ширма. Маймулитæ раздæр, стæй ныр дæр, Ширма- йы куы фæсырдтой, уæдæй фæстæмæ адæймæгтæй фыдуаг чи уа, уыдон æрсабыр кæныны тыххæй сæрыя арæзтой операци. Магъзæй-иу чысыл цыдæр хай фæ- хицæн кодтой æмæ-иу адæймаг бынтон змæлынхъом дæр нал уыд. Уый тыххæй Ширма æрымысыд ацы прибор. Фæскъæбут æй фæцæв. Мæнæ ацы кнопкæ фелхъив æмæ операци цæттæ у. Ширмайы фæстаг хатт операцион хатæнæй ахстæй ракодтой. Ацы при- бор стъолыл баззад. Æз æй м"æ дзыппы нывæрдтон.. Уый размæ мын дзы иу-цалдæр операци саразып кодта Ширма. Тынг хорз-иу мын кæй рауадысты„ уый тыххæй мæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ бафснайд- тон. — Ныр дзы никуыуал спайда кодтай? 126
—Нæма. ■—Æмæ дзы маймулитæ сæхæдæг та куыднæ пай- да кæнынц? Мæнмæ гæсгæ операцийæ уый бирæ æн- цондæр у. — Ширмамæ цæйдæр тыххæн тынг фæфыд-зæрдæ’ сты. Иæ куыстыты йын иууылдæр скуынæг кодтой. Уыимæ дзы ацы прибортæй цы уыд, уыдон дæр. — Цыдæр стыр сæры хицау уыд уыцы Ширма.. Газеты цыдæртæ бакастæн уый тыххæй. — Хæйрæджыты хай.фæуæнт иууылдæр. Стырæй дæр æмæ чысылæй дæр маймулитæ сты. Маймулитæ адæймагæн хорзæй никуы ницы сараздзысты. — йæ> къух ауыгъта. Ныры хуызæн фыдæхдзинад æм ни- куы фæхатыдта Заза маймулитæм. — Мæн ^ныртæккæ æндæр цыдæр æндавы,— дзырдта дарддæр Зира. — Хуымæтæджы дæм не ’рхастон, мыййаг, ацы мигæнæн. Куыд хатын, афтæ- мæй ды бирæ фылдæр æмбарыс æмæ зоныс царды. Нæ цытджын хистæртыл мæ бафæлварын фæнды мæ медицинон дæсныйад. Ды та цы зæгъдзыпæ? — Мыййаг дæ куы базоной, уæд... — дызæрдыг- гъуызæй загъта Заза. — Уыцы операци ахæм чысыл хъæдгом ныууадзы йæ фæстæ æмæ йæ хъуынты ’хсæн уаргæ дæр ничи скæндзæн. Стæй дæр сын цæрæнбонты мах ахæм са- быр, æнæхин лæггад кæнæм æмæ ныл ничи фæды- зæрдыг уыдзæн. Иæ аххосаг ын чи рафæлгъауа, ахæм кусæг ам никæй зонын. Базел ма дзы ис чысыл æмбаргæдæр æмæ уый та, цæмæйзон, кæд æрбаздæх- дзæн. Стæй ма здæхгæ дæр æркæндзæн? Æндæр кой сæм куынæуал ис. Ширма дам, цавæрдæр къорд са- рæзта. Зилы хъæуты, горæтты. Кæмдæриддæр оран- гутангтыл хæст кæны: сылæй, нæлæй, чысылæй, стыр- 12?
æй сыуанг зæрондмæ, иууыл сæ бындзагъд кæны. Чи зоны уымæ дæр баххæсса искуыцæй. — Цы уа, уый уæд. Æрмæст арæхстгай архай æмæ дæ операци рæстмæ куыд рауайа. — Афæдзæхста ма йын Заза. — Уый тыххæй мыл дæ зæрдæ дар. Чысылæй фæс- тæмæ æндæр ницы федтон æмæ ныр цахæм фæнды операци дæр ахуыргонд маймулитæй æвзæрдæр нæ саразин. — Фидарæй загъта Зира. Заза йæ рады «урок» куы ауагъта, уæд райста, Зира йын цы чиныг æрхаста, уый. Иæ цъарыл ын бакаст: «Циу хæст гемæ цавæр фæстиуджытæм æркæндзæн маймулиты». Иннæтæ бафынæй сты, уæддæр ма уый бадт æмæ каст чиныг. XX. Байри æнæуый дæр йæ цардæй райгонд нæ уыд. Иугæндзон уыцы æнкъард, æрхæндæггъуызæй æнæ- бары змæлыд. Йæ фырлæмæгъдзинадæй йæ маст искæуыл ныппырх кодтаид, уый йæ бон нæ уыд æмæ йæхи зæрдæйы та цæугæ нал кодта. Искуы-иу хибар- æй куы аззад, уæд кæйдæр фыдæлгъыст кодта æмæ афтæмæй йæ уды сагъæс кайдта. О, фæлæ фæстаг цалдæр боны бынтон йæхихуы- зæн нал у, йæ тугхъулон цæсты бынтæ æдзух сты уымæл, йæ тъæпæн фындзы фæрстæм хъуын, зæйхафт цъæнутау, бынмæ фæлдæхт. Раздæрау йæ маст йæ риуы æмбæхстæй нал хæссы. Иу тызмæг ныхас æм чи скæны, уымæн æй дывæр-æртывæрæй бафиды. Æмæ маймулитæн цыфæнды кæнæд, ф|æлæ адæ- мыл дæр кæй нал ауæрды, уый скъуыны Зазайы ас- тæуы магъз. Нырма ахæм хабар никуы уыд, æмæ 128
Байри адæймаджы бафхæрдтаид, исчи-иу æндæр ис- кæй хай ахæрынмæ тыхæй куы бырста, уæддæр æм лæдзæгæй никуы февнæлдта, никуы йæ æрцавта. йæ хъусыл, науæд-иу ын йæ цопгыл ахæцыд æмæ-иу æй йæ бынатмæ баласта. Инпæ маймулитау лæдзæг нæ дардта. Ныр мадзура хæринаггæпæг къæссавæлдæхт фæ- пис. Æдзух йæ дзæмбыйы дары, йæ бырынкъыл цыргъ æфсæйнаг кæмæн ис, ахæм цыбыр лæдзæг. Чысыл ницæй тыххæй дæр æй фæтъыссы адæймаджы агъды фæлмæны, кæнæ йæ фарсы, æнæауæрдонæй дзы æр- калы иу кæнæ иннæ æнæазым ’адæймаджы бæгънæг фæсонтыл. Пуй, хæйрæджы хай фæуат иууылдæр! Уымæй ма уыдтой ацы æнамонд адæм рæвдыд, æмæ та уый дæр йæ ахастыл йæ дзæмбы систа. Дойныйæн нуазы адæ- мы туг. Æмæадæмы цас тынгдæр æфхæрдта, уый бæрц стырдæр маст хаста Зазайæн. Иу бон та уыцы мæстыйæ рауад хæринаггæнæ- нæй. Фегом кодта, Заза цы клеткæйы уыд, уый дуар. Лæджы цонгмæ февнæлдта æмæ й-æ йæ фæдыл ла- сæгау ракодта. Генриетта уый куы федта, уæд хъуа- мæ йæхи андæгътаид маймулийыл, фæлæ йын уый лæдзæджы цыргъ йæ тæккæ риуы фæсагъта, усæн йæ туг акалд æмæ хъиау-хъиаугæнгæ атымбылтæ ис клеткæпы къуымы. Бæргæ ма пæ дæндæгты къæс- къæс цыд, фæлæ ралæбурынмæ йæ ныфс нал ба- хаста. Зазайæн йæ маст рафяхт. Хъуамæ тымбыл къу- хæй ныццавтаид мапмулийы, фæлæ йæхиуыл фæхæ- цыд. Фæхæцыд, мыпйаг, æй куы банымудза æмæ йын -исты фыдбылыз куы саразой, уый тæссæй, стæй иннæ клеткæты адæм куы сæзмæнтой, уый тыххæй дæр. Байри йæ суанг сугсæттæны онг йæ фæдыл фæ- Э. Къæбысты 3. 129
ласта. Уым ын фæрæт йæ къухты фæсагъта æмæ сдзырдта тызмæгæй: — Хæц æмæ æрсæтт суг. Ацы æлгъаг сырдты ’хсæн ды уыцы хъуыддагмæ фæрæвдз дæ æмæ дын суг сæт- тын кæнон, уый фадат дæр мын нæй. Кæдмæ уæ нард кæнынц, сæ мард æмæ сын сæ дзуарæн, цы нæ хъæуы, уый фæкæнад мæ уды тæригъæдæй. Заза сугты рæдзагъдæй иу суг райста. Фæрæт дзы æрсагъта, стæй ныллæг хъæлæсæй бафарста Байрийы. ■—Хатыр бакæн, фæлæ ды адæммæ ахæм фыдæх зæрдæ, никуы дардтай. Ныр дæ цавæр фыдбылызы бындз фæсагъта фат цымæ? — Бындз мæ нæ фæсагъта фат, фæлæ зæронд, хæмхутджын орангутанг. Уас дзы мæ сонт хъæбулы тæригъæдæй йе ’хсæз æмкъайы идæдз куы абадик- кой. — Адæмыл дæ сардыдта уыцы за^ронд орангу- танг? — Нæ йын бамбæрста Заза йæ ныхæсты мидис. — Адæмыл мæ. нæ сардыдта, фæлæ маймулийæн пæ зæрдæйы маст куы уа, уæд æй хъуамæ искæуыл ныккала. Мæнæн та мæ бон ацы æлгъаг сырдтæй фылдæр никæуыл цæуы. — Суг дын ныссæтдзынæн, цас дæ хъæуы, уый бæрц, æрмæст мын радзур, цы дæ бахъыгдардта уыцы орангутанг? — бахатыд æм Заза. — Нырма мæ демæ дзæнгæда цæгъдынмæне ’вдæлы. Фæлтау уал суг сæтт, æз та мæ митæ акæ- нон. Æнæуи дын æй радзурдзынæн. Уæддæр æидæр мæ сагъæстæ кæмæн ракæнон, уый мын нæй. Майму- ли та йæ зæрдæйы мæстытæ радзурынæй пæ тыппыр- тæ куы суадзы, уæд ын фенцондæр вæййы. Байри рог цыбыр къахдзæфтæй азгъордта мидæ- мæ. Заза иудзæвгар ныссаста суг, стæй дзы йæ хъæ- бысыдзаг сæвгæдта æмæ комкоммæ хæринаггæнæнмæ 130
араст. Тæккæ йыл къæсæргæрон фембæлд Байри. Йæ зæрдæ барухс. Иæ дзæмбыйæ æрхоста Зазайы фæ- сонтæ. — Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы, науæд айæппæт хæрыны уæнгæлтæн иунæгæй цы хъуамæ кæнон? Нырмæ хæринаггæнджытæ цалдæр уыдысты, сугсæт- тæг хицæн уыд, артгæнæг — хицæн, сырдтæн хæри- нагдæттæг — хицæн. Ныр та æппæт уыцы куыстытæ иууылдæр мæхи кæнинаг сты. — Æмæ цы фесты иннæ кусджытæ? — бацымы- дис кодта Заза. — Ахæмтæн дæ къуымых зонд цы бамбардзæн, фæлæ дын æй уæддæр зæгъон: цæуы стыр хæст. Уый тыххæй ма дын, æнхъæл дæн, дзырдтон. Мæ зæрдыл нал лæууы. Æниу ма мын зæрдæ дæр кæм ис. Майму- лптæ кæрæдзи цæгъдынц уыцы хæсты. Уырдæм ар- выстой кусджыты æмæ æз иунæгæн аззадтæн. \ — Уый хъуыддаг у, —маймули йæ куыд нæ фæ- фиппайа, афтæ æхсызгон улæфт скодта Заза, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Орангутанг дæ цы бахъыг- дардта, уый мын зæгъинаг уыдтæ. — Йæ коп дæр мæ зæрдæйы сындзау ныхсы, дæл- дзиныг фæуа. — Егъау пецы сугтæ бакалдта, дын- джыр æнæхсад аджы змæст дон ауагъта, цыдæр лæ- хурæггонд ыл ныккодта, стæй бандоныл йæхи æруа- гъта æмæ райдыдта дзурын: — Орангутангтæ хин æмæ кæлæнæй бацахстой хи- цауады иууыл стырдæр быпæттæ, фæлæ туг æмæ стæ- гæй ницæйаг кæй сты, уый сæхæдæг дæр æмбарынц æмæ сфæнд кодтой сæ мыггаг раивын. Нæ маймули мыггаджы шимпанретæй уæздандæр æмæ сыгъдæг- дæр туг нæй. Стæй ахуыр æмæ зонады æмбæхсг дуæрттæ гом кæнынмæ уыдонæй рæвдздæр ничи ис. Раздæр маймулиты иу мыггаг иннæмæ чындзы нæ 131
цыд, иу иннæмæй сыл маймули нæ куырдта æмкъа- йæн. Ныр, иугæр, орангутангтæ бафæнд кодтой сæ туг шимпанзеты туджимæ сæмхæццæ кæнын, уæдсыл шимпанзетæн нæл шимпанзетæй мой кæныны бар нал ис. Æниу нæм нæлтæ налдæр баззад. Иууыл сæ хæстмæ акодтой, фæлæ ма дзы цы стæм’сахъатджын- тæ баззад, уыдонæн дæр æмкъай ссарыны бар нал ис, раздæр кæмæн уыд æмкъай, уыдонæн та цот, кæ- пыны бар нал ис. Ацæргæ нæл орангутангтæй ма цот рауадзынæй ныфс кæмæй ис, стæй æвзонгæй фæстæмæ онгæй фидар чи уыд, уыдон зилынц шимпанзеты хæ- •дзæрттыл. Сыл шимпанзе сæ зæрдæмæ ка^м фæцæуы, уырдыгæй комкоммæ ацæуынц хицауады сæргълæу- уæгмæ. Дзæмбы фыст дзы рахæссынц æмæ-уæд йæ •ныхмæ ницы дзурæн ис. Гъе, æмæ иу зæронд орангу- танг йæ цæст æрæвæрдта мæ хистæр хъæбулыл, — йæ зæрдæ суынгæг ис Байрийæн. Иæ цæссыгтæ та чфемæхстысты. — Ау, æмæ уый нырма хæрзæвзонг куы у, — бадис кодта Заза. — Æппын йæ карæй дæр нæ аргъуц кæ- ны уыцы орангутанг? — Уый хыгъд рæсугъд æмæ фидæрттæ конд у. Ахæмæй хорз цот кæй рацæудзæн, уый бамбæрста зæ- ронд хæрæг æмæ мын æй æвдæм æмкъайæн кæны. Аргъуцы кой та кæнын дæр нæ хъæуы. — Æмæ ууыл афтæ мæсты кæныс? — афарста йæ Заза. — Цас ма фæцæрдзæн уыцы зæронд æмæ уæд дæ лæппын сæрибар уыдзæн. — Хъæбул циу, искуы уый бамбарын хъом куы бауаид дæ къуымых зонд, уæд æй базонис. — Ноджы тынгдæр суынгæг ис Байрийы зæрдæ æмæ ма тыхæй ралæмæрста:—ахъуыдты у ныр. Маймулитæй дæ ис- ■чи ам куы ’рбаййафа, уæд мын мæ артыл дон ауадз- Л32
дзысты. Æнæуый чындзæхсæв куы кæнон, уæд мæм нсты фæкæсынтæ хъæудзæн. — Æмæ æз, — цыдæр ма сцæй дзырдта Заза, фæ- лæ йын Байри йæ цонгыл фæхæцыд æмæ йæ дуармæ федде кодта. XXI. Уыйразмæ йын йæ риу лæдзæджы цыргъæй куы фæрæхуыста, уæдæй фæстæмæ Байри йæ цæсты сындз фестадис Генриеттæйæн. Цалынмæ-иу æй Заза йæ хъæбысы хæссæгау нæ ракодта, уæдмæ хæрынмæ дæр нал куымдта. Байрнйæн йæхимæ дæр цыма фæс.мон æркаст. Æвæццæгæн, ахæм æфхæрыптыл ахуыр кæй пæ уыд, уый тыххæй. Генриеттæ-иу æм уыцы фыдæх цæстæй куы ныккаст æмæ-иу клеткæйы къуымты зпæт раппар-баппар куы’ райдыдта йæхи, уæд-иу мæ- гуыр шимпаизейæн йæ зæрдæпы тугтæ ныттагъдыс- ты, цыма, æмбаргæ удгоймаг у, уыйау дзы æфсæрмы кодта. Р1æ лæдзæг аппæрста æмæ та, раздæрау, хæ- лар цæстæй кæсын райдыдта йæ бæрны уæвæг æна- монд адæммæ. Æвæццæгæн йæ лæппыны хъысмæтыл дæр ныхъхъæцыд æмæ йæ зæрдæйы маст фæрогдæр ис. Заза ныр зыдта, Байри ма йæм кæнынмæ куы ’рба- цæуа, уæд дзы цы домдзæн, цæмæн æй хъæудзæнис, уый. Генриеттæйы цалдæр боны фæфæдзæхста, цæ- мæй йæм йæ зæрдæ ма ’хсайа æмæ дзæгъæлы хъау- гъатæ ма кæна. Уый дæр æрсабыр. Уæдмæ йæ риуы хъæдгом дæр байгас æмæ йæ зæрдæйы маст сыидæг- гац банымæг. Зазайы тынг фæндыдис, тагъддæр куы райдаид Байри чындзæхсæвмæ цæттæ кæнын, уый. Йæ зæрдæ 133
æдзух æддæмæ æхсайын байдыдта. Нырмæ-иу æм са- нитартæй, науæд иннæ кусджытæй псчи æрбауад. Бæстæйы уавæрыл-иу ныхас кодтой æмæ-иу афтæ- мæй базыдта, йæ клеткæйæн æддейæ цы хабæрттæ цæуы, уыдон. Ныр ма стæм хатт иу-исчи æрбауайы. Иæ цæст хæсфидæджы хаст акæны, клеткæтыл æмæ та фæцæуæг вæййы. Иунæг Байри у æмæ хабæрттæн нсты æмбардзæн, зæгъгæ, уый Зазайы уырнгæ дæр цæ кæны, иннæтæй та, кæимæ аныхас кæна, уый йын нæй. Уыцы тызмæггъуызæй рауай-бауайгæнæг май- мулитæй кæй æвдæлы цавæрдæр хæринаггæнæг шпм- панзеимæ ныхас кæнынмæ. О, фæлæ йæ æддæмæ куы акæнид. Ныхас куы ни- кæмæй ницы фехъуса, куы никæимæ аныхас кæна, уæддæр маймулиты ахастæй бамбарид, хъуыддæгтæ куыд цæуынц, уый. Æмæ æппынфæстаг йæ бæллиц сæххæст. Иу бон адæмы клеткæтæй хæрынмæ куы рауагъта Байри, уæд Зазайæн аивæй бамбарын кодта, йемæйæ акæ- нынмæ кæй хъаЬы, уый. Æвæццæгæн Генриеттæйæ нæма ферох уыйразмæйы хъаугъа. Æмæ, чи зоны, цавæрдæр сыл адæймагæй уыйбæрц иæдæр аргъуц кодта, нæдæр тæрсгæ, фæлæ æндæр рæттæй цы ны- хæстæ æрыхъуыста, уыдон ын йе онджы мигъ ба- уагътой æмæ ныр æппæт адæмы иумиаг хъаугъатæй тæрсгæйæ йæхи хызта. Хæрд куы фесты, уæд Заза клеткæмæ бацыд, йæ фæдыл бахызт Генриеттæ дæр. Иучысыл абадыны фæстæ йын лæг бамбарын кодта, чысыл рæстæгмæ йæ æддæмæ ахизын кæй фæнды, уый. Уæлдай ницы- уал загъта сылгоймаг дæр. Йæхи къулæрдæм здæх- тæй хъæмпыл .æруагъта. Йæ иу цонг сæры бып ба- кбдта, иннæ дыууæ уæраджы ’хсæн атъыста. Бæрæг уыд, тагъд кæй афынæй уыдзæнис, уый. 134
Заза сыстад. Клеткæйы дуар йæ фæдыл рахгæдта æмæ уæззау къахдзæфтæй рахызт æддæмæ. Уым æм æнхъæлмæ каст Байри иæ къухы йын синаг куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныккæрзыдта, фæлæ маймули цахæмфæнды уæвгæйæ дæр маймули кæй у, уый зо- ны. Нæй, йемæ быцæугæнæи. Æмæ Заза æфсондзыл фæлтæрд галау йæ сæр бахаста синаджы тæлы æл- хынцъ кæронмæ... Цалдæр ацæргæ сыл шимпанзейы Байриты кæр- ты зылдысты егъау цæджджинаджы алыварс. Чи йын йæ быны арт кодта, чи дзы ведратæй дон уагъта, чи та дзы цавæрдæр задæссады æнгæс лæхурæг кодта. Иу æнæдæндаг шимпанзе дзы Зазамæ æлгъаджы цæстæй бакаст, стæй иуæрдæм ату кодта мæсты- гъуызæй æмæ сдзырдта: — Æнæрай скæнат ацы сырдтæй, цымæ сæ, ны- гюнд кусæрттæгтау, уынгты цы ралас-балас кæнут. Адонмæ кæсгæнæ зæрдæ адджынæн къæбæр бахæрын дæр нал уадзы. — Орангутангты мæрдтæн, цы ’нæ хъæуы, уый фæкæнæнт. — Йæ ихсыд ’мылыйы ’хсæнæй ралæ- мæрста æндæр маймули. — Заводтæ æмæ сæ фабрик- ты кусджытæ скодтой. Айразмæ мæ чызгимæ уыдтæн дзабырхуыйæн фабрикæйы. Хъуамæ йын цырыхъ- хъытæ бахуыйын кодтаин. Зилæм æнæхъæн фабри- кæйы æмæ... Дунескæнæг! иу маймулийыл дзы уæд- дæр куы ’рхæцыдаид мæ цæст. Фæйнæрдыгæй ацы æлгъаг сырдтæ сæ дæндæгтæ ныззыхъхъыр кодтой æмæ ныл кæд кодтой худгæ. Стæй дзы бирæтæ кæд фæлвæрдтой дзурыныл дæр... — Дæ-дæ-дæй, цымæ цы уыдзæнис, цы? Цымæ цæмæ æрцæудзæн нæ маймулимыггаджы фæс- таг, — бахъуыр-хъуыр кодта фыццаг шимпанзе æмæ 135
ма цыдæр сцæйдзырдта, фæлæ йыи Заза йæ ныхас фескъуыдта, цыма маймулиты уынгæ дæр нæ кæны, уыйау фæрæтæй йæ къухты хъазгæ иуæрдæм азылд æмæ хъæрæй, сегас дæр æй куыд фехъуыстаиккой, афтæ сдзырдта: — Сæфтмæ! Маймулитæ уыцы æмхуызон фæцъæхахст кодтой æмæ, цæргæсæй фæтæрсæг карчы цъиутау, амбæхс- тысты аджы фæстæ. Уым сæ кæрæдзиуыл калдæй раййæфта Байри. — Цы кодтат, уæ хорзæхæй? Бирæгъ уæм фæлæ- бурдта? — афарста сæ. — Бирæгъ дарæг дæ мауал уæд. Ды дæр дзы хорз дзураг сырд æрбаластай? — Сæ дзæмбытæ йыл æм- хуызон сцагътой: — Уымæй ма тæрсут. Сабыр, æпæхъыгдард у, — пыфсытæ сын æвæрдта Байри. — Сабыр дзабырхуыйæн фабрикæйы кусджытæ дæр уыдысты, фæлæ ныл ибон куы худтысты, уæд сæм мæ чызг цыдæр сдзырдта æмæ мын æй фæцæй скъуыдтæ кодтой, саубонмыл. — Йæ ныхас адарддæр кодта, уый размæ йæ чызджы цырыхъхъытæ бахуы- йыны тыххæй фабрикæмæ чи бакодта, уыцы шим- панзе. — Куы уын загътон, ай чырыстон, æнæхъыгдард фос у, — сабыр сæ кæны Байри.— Стæй цас цыдæр- тæ зоны. Дисæй йыл амæликкат. — Чи зоны мæнæ ацы аджы цы фыцæм, уый дæр базонид, — йæ фыдуынд хæмхудтæ хинæйдзаг зылыи- тæ скодта иу маймули. Иннæтæ сенæдæндаг дзыхтæ ныххæлиу кодтой æмæ сыф-сыфгæнгæ худынц. Заз’а- йы сæм нæдæр хъусын, нæдæр исты дзурын фæндыд, фæлæ та нæ фæлæууыд. Уадз æмбарой уыдонæй къаддæр кæй нæ зоны алцы дæр æмæ, цыма майму- 136
литæн дзуаппæн нæ, фæлæ дзы æнæуый сирвæзт, уыйау загъта: — Диссаг уыдзæн, сымах цы бæгæны бахспдат, уый. Маймулитæ ныр тæрсгæ нал фæкодтой. Мæнæйма, сырд æрмахуыр кæуыл у, уый сæ цуры ис, цыфæиды фыдуаг куы суа, уæддæр æй Байри байргъæвдзæн, ницы знаггад кæнын æй бауадздзæн, фæлæ пыр фыр- дисæй худын нæ, дзурын дæр нал арæхстысты. Сæ сæртæ уæззаугай æнкъуыстой æмæ кæрæдзимæ дза- гъырдзастæй кастысты. Къаддæр дис нæ фæкодта Байри йæхæдæг дæр. Маймулитæй куыд хъуыста, -^фтæмæй планетæ Æнгæсыл бæгæны аразын зонынц æрмæстдæр Сиберпйы маймулитæ. Æмæ Заза йæхæ- дæг куыд дзырдта, афтæмæй йæ æндæр хъуыддæгтыл дард зиптунскæсæйнаг ахуыргоид Козо сахуыр кодта, фæлæ бæгæны та кæцæй балыдта, зæгъгæ. Ныр пæ дызæрдыгдзинад хъæрæй нæма загъта, афтæмæй пын йæхæдæг дзуапп дæттынмæ фæцис. — Æвæццæгæн мæ фæндагыл æнæрхъуыдыйæ сир- вæзт, абон бæгæны кæй фыцдзыстæм, уый. Ай та ахæм сырд у, æмæ цы фены, цы фехъусы, уый дзы рох пæ кæны. О, æнæмæпг афтæ уыдзæп. Заза сын хъуамæ раргом кодтаид, зæххыл цæргæ- йæ йæхæдæг бирæ хæттыты кæй федта бæгæны фыц- гæ, уый; фæлæ пæ ныууагъта. Иуæй пæхæдæг уымæп йæ цардвæпдаг ныггæлиртæ кодтаид, иннæмæп та йæ уыцы зæронд, хæррæгъ маймулитимæ дзурын нæ фæн-- дыд. Сугсæттæн къуыдьф, сугты рæдзагъды аууоимæ ахаста, цæмæй йæм шимпанзетæ мадæр зынгæ код- таиккой, мадæр сын сæ ныхас хъуыстаид. ...Чындзæхсæвы бон дæр та йæ акодта Байри. Нæ нæ фæндыд ацы хатт. Уый æнхъæлдта, зæгъгæ чын- дзæхсæвы бæстæппæт маймулитæ уыдзæн, мыййаг æм 137
исты дзырдæппарæнтæ куы кæной. Куы нæ сæм фæ- лæууа æмæ исты æнахъола ми куы бакæна, фыр- мæстæй исты рæдыд куы ’руадза æмæ йæ хъуыддæг- тæ куы ныссуйтæ ой, уымæй тарст. Фæлæ дзы уадиссагæй ницы уыд. Заза Байрийы алыхатт дæр хъуыд æрмæсдæтр суг сæттынæн. Æмæ уæззаугай йæ хæс æххæст кодта, афтæмæй аивæй каст æмæ хъуыста, Байриты кæрты цы цæуы, уымæ. Æниу æм дзы зынгæ бирæ ницы кæны.% Иугай сыл маймулитæ тын нывæндæгау кæнынц хæдзарæй са- раймæ (пец уым æвæрд уыд), сарайæ хæдзармæ. Кæмæн — йæ дзæмбыты тæбæгъ, кæмæн тас, кæмæн аг, гъе сасир. Æвæццæгæн хæринæгтæ цæттæ кæнынц. Иу хатт кæрты фæзынд иу къуылых нæл шимпанзе дæр. Йæ дыстæ рæбыны къæдзты онг тылд, йæ дзæм- бытæ æгасæй тугæй змæст. Егъау хъæдын арынг æм ралæвæрдтой сыл маймулитæ мæнгагъуыстæй. Цы- дæртæ ма сын адзырдта, цыдæр хæстæ сып бакодта, стæй арынг йæ къуыпп рагъыл баппæрста æмæ фæс- хæдзарæрдæм счипп-счиппгæнгæ ацыд. Заза бамбæрста, уым кусæрттæ кæй кæныиц. Æмбисбон уыдаид, афтæ Зазайы хъустыл ауад, чындзхæсджытæ æрбацæуынц, зæгъгæ. Уый æн- хъæлдта, ома иыртæккæ машинæтыл фæндырдзæгъд- гæ, заргæ ’рбалæудзысты уазджытæ. Кæд сиахс зæ- ронд у (Байрийы ныхæстæ йæ зæрдыл дардта), уæд- дæр цыты уазджыты номыл йемæ уыдзæн сагсур æв- зонг маймулитæ. Заза сæ, развæлгъау, тæрсгæ дæр скодта. Йæ зæххон цардæй ма йæ зæрдыл куыд лæу- уы, афтæмæй чындзхæсджытæм æхсæнгæрзтæ дæр вæййы. Ам дæр миййаг афтæ куы уа æмæ дзы искæй пæ расыджы зæрдæ бахъæлдзæг кæныны тыххæй куы бафæнда иу хъæддаг сырд багæрах кæнын, уæд цы дæ боп у. Æмæ йæхи æраууоы кодта сугты рæдзагъды 138
фæстæ, афтæмæй сусæгæй кæсы, маймулитæ чындз- хæсджыты размæ чердæм акалдысты, уыцырдæм. Уалынмæдын æрбазындысты, Зазайы хъуыдымæ гæсгæ уазджытæ чи хъуамæуыдаиккой, уыдон. Разæй цыппар сыл шимпанзейы æмæ дыууæ сыл орангутан- джы сынты уæлæ се уæхсчытыл хæссынц, фырзæ- рондæй чи нымпылд æмæ чи ныггæлиртæ ис, ахæм нæл маймулийы. Сынт, стæй орангутанг йæхæдæгдæр уыд тынг хъæзныг фæлыст, Байрийы кæстæр лæппын æрбауад Зазамæ. Йæ фарс ын басхуыста’ æмæ йын æппæлæгау акодта: ■ — Уый сиахс у. — Æмæ йæ чи хæссы, уыдон та чи сты?—афарс- та йæ Заза. — Йæ устытæ. — Ау, сæ мойы се уæхсчытыл æрхастой, — цæ- мæй ма йын ноджы иу æмкъай акæной, уый тых- хæй? — бадис кодта Заза. — Афтæ у æгъдау. Уый у, орангутангтæй иууыл фидардæр чи уыд æмæ иууыл фылдæр. чи цæры, ахæм. Æвзонг нæл орангутангтæ иууыл хæсты сты. Айхуы- зæтты цот кæныны тыххæй дарынц, цæмæй йæ цот дæр рацæуой йæхиау фидар æмæ цæрой бнрæ. Йе ’мкъæйттæ та хæсджын сты, цæмæй йæ ног æмкъай курынмæ хæссой сынтыл, цал ой, уалæй. Алы ахæм орангутангæн дæр афтæ кæнынц, уый фæтк у. — Фæлæу-ма, æмæ уыцы зæронд...—цыдæр ма сцæйдзырдта Заза, фæлæ йæ уый фембæрста æмæ загъта, судзинтæ йын аразынц, зæгъгæ, стæй алыгъд. — Уый дын, гъе, — йæхиимæ дзурæгау кæны За- за. — Байри мын афтæ лыстæггай нæ радзырдта ацы хабар. Чындзхæсджыты æрбацыдмæ кæрты сагъд уыд цыппар рæхснæг саджил цæджындзы. Цæджындзтыл 139
тыхт уыд сырх хъуымац. Уый æддейæ та фæлыст уы- дысты алыгъуызон дидинджытæй. Сиахсы сынты уæ- лæ сæвæрдтой уыцы цæджындзтыл. Бынæй йæ алы- варс тымбыл зылдæй æрлæууыдысты, уæдæйнырмæ уынгты чи рауай-бауай кæпы, уыцы сыл маймулитæ. Фæзынд дзы цалдæр нæл маймулийы дæр. Фæлæ нæл- тæ сегас дæр уыдысты къуылыхтæ^æмæ цæнкуылтæ. Сиахсы æмкъæйттæ æхсæзæй дæр бацыдысты хæ- дзармæ. Уый йæхæдæг, йæ фарсыл цы дзæкъулгонд уыд, уый йæ размæ æрбаласта. Йæ ком ын сæхæлд- та æмæ бынмæ калын байдыдта лыстæг æхцайы хуы- зæн цыдæр æрттивæгтæ. Заза æнхъæл уыд, зæгъгæ ныр маймулитæ уыцы æрттивæгтыл зыд кæнгæйæ кæрæдзи хъуынхъис хæрдзысты. Фæлæ сæм уыдонæй æвпалгæ дæр инчи фæкодта. Алы æркалдæн .дæр-иу сæ сæртæй ныллæг акуывтои æмæ-иу, зарæггæнæгау, æмхъæлæсæй цыдæртæ хъуыр-хъуыр кæнын райдыд- 10Й.' Дзæкъул куы раафтид ис, уæд æп маймули йæ былтæм схаста. Ныффу дзы кодта æмæ йæ хуылфæй хъуысын райдыдтой цавæрдæр æнæхъпнон хъихъ- хъытæ. Уыцы зæлтæм хъусгæйæ бынæй лæууæг май- мулитæ, сылæй, нæлæй, кæрæдзи дзæмбытыл ныххæ- цыдысты æмæ, чепенагæнæгау, цæджындзты алы- варс райдыдтой зилын. Чысыл фæстæдæр сиахсы æхсæз æмкъайы ракод- той æвдæм файнусты. Кæрæдзи дзæмбытыл хæцгæйæ бацыдысты чепенагæнджытæм. Кæстæр файнуст ба- хызт зылды астæумæ, иннæтæ баиу сты чепенагæп- джытимæ æмæ райдыдтой семæ зилын. Ног чыпдз райдыдта æрттивæгты уидзын. Уидзы сæ æмæ сæ уа- ры нæ алыварс зилджытыл. Куы йын фесты уæрст, уæд нæл маймулитæ систой ног чычдзы сæ дзæмбы- тыл æмæ йæ сынтмæ сæппæрстой. Сиахсы ма йæ зæ- 140
ронд стджытæ ц’ас хастой, уый бæрц рог фестад æмæ ныттыхст йæ ног æмкъайыл. Уый йетарæй спста ца- вæрдæр æрттиваг хæцъил, йæ мойы хъуырыл æй ба- баста æмæ дыууæйæ дæр кæрæдзиуыл тыхстæй æр- бадтысты сынтыл. Уый фæстæ æхсæз хистæр файнусты райстой сыпт æмæ сæ фæсхæдзарырдæм ахастой. Сæ фæдыл заргæ æмæ гæппытæгæнгæ ацыдысты иннæ маймулитæ дæр. Заза ма -фенхъæлмæ каст чындзæхсæвы дарддæ- ры æгъдæуттæй исты фенынмæ, фæлæ ннцыуал йæ къухы бафтыд. Фæсхæдзармæ, сæ хъæлæба кæцæй цыд, уырдæм та йæ ныфс нæ ахаста. Æппынфæстаг фæзыпд Байри къуылых расыгæй. Синаг дæр нал бафтыдта Зазаны æфцæджы, афтæ- мæй йæ акодта йæ клеткæмæ. XXII. Иу изæр Байри æрбацыд. Йемæ ’рбахаста хæдза- ры дарæн хуымæтæджы хæлаф æмæ къандзол. Заза- мæ сæ радта. — Адон скæн æмæ мемæ рацу. — Кæдæм мæ кæныс? — Дзаумæттæ фенгæйæ фæ- дызæрдыг Заза. — Тæрсгæ ма кæн. Дæумæ мæ рарвыста институ- ты хистæр. Æвæццæгæн фехъуыста, ды рардтæ кæ- нынмæ рæвдз кæй дæ, уый æмæ дæ уымæн агуры. Заза иучысыл ахъуыды кодта, стæй сразы... Байритæм баййæфта ацæргæ, фæлæ нырма йæ фердæхт рог кæмæн уыд,. ахæм орангутангы. Йæ цæсткæсæнтæ фындзы хъæлмæ æрбырыдысты æмæ сæ сæрты Зазамæ кастысты дыууæ тымбыл цъæх цæсты. Заза мидæмæ куы бахызт, уæд ын сыстад. Цыма стыр 141
кадджын уазæг уыд Заза, уыйау йæ размæ рацыд. Йæ къух ын райста æмæ бæзджын хъæлæсæй загъта: — Сиберы ’педагогон институты ректор, техникон зонæдты дохтыр профессор Барбис. — Профессор Заза, — кæй йыл иæ баууæнддзæн, уый зыдта Заза, фæлæ уæддæр загъта, профессор кæй у, уый дæр. — Æз куыд фехъуыстон, афтæмæй ды дæ хæдæф- сарм æмæ æмбаргæ, зондджын, маймулийау. — Фæ- тызмæггъуыз ис Барбисы цæстæнгас. — Иугæр афтæ у, уæд та дæм æз æрбацыдтæн хъуыддаджы фæдыл баныхас кæнынмæ. Хынджылæджы рæстæг мын уæв- гæй дæр нæй. — Æз дæм хъусын. Гæнæн уæвгæйæ архайдзынæн дæ фарстытæн æмбæлон дзуаппытæ радтыныл, — йæ ног æлвыд рустыл йæ арм æруагъта Заза. Адæймæг- тæн сæ сæртыл, нæлтæн ма, æгæрстæмæй, сæ цæс- гæмттыл дæр хъуын æгæр тынг даргъ кæй цыд, уый тыххæй сын сæ мæй иу хатт æлвыдтой. — Æз фехъуыстон, цыма ды тынг рæвдз дæ мате- матикæмæ? — цæхгæр рахызт хъуыддагмæ Барбис. — Тынг рæвдз, зæгъгæ, чи зоны бынтон раст нæу, фæлæ чысыл цыдæртæ æмбарын.—Хæдæфсарм дзуапп радта Заза. — Мæн фæнды, цæмæй мæхи цæстæй фенон уыцы хъуыддаг. Кæд гæнæн ис, уæд сараз иуцалдæр рар- ды. — Бафæлвардзынæн. — Сразы Заза. Барбис йæ дзыппæй систа, иуцалдæр æнæконд рарды фыст кæм уыд, ахæм тетрад, хæдфысгæ ручкæимæ йæ æрæ- вæрдта Зазайы раз. Уый сыл йæ цæст ахаста, стæй æнæ разыйы цæстæй бакаст ректормæ. ,— Æрдæбон мæм ды дзæгъæлы фæтызмæг дæ, фæлæ дын ныр хъуамæ æз бауайдзæф кæнон, бынтон 142
саби мæ кæй æнхъæл дæ, уый тыххæй. — Ахæм стыр ахуыргонд маймулиимæ, куырмæмбæхстытæй хъазæ- гау, ныхас кæнын ницы пайдайыл банымадта Заза. — Цæмæн афтæ зæгъыс? — нæ йæ бамбæрста Бар- бис æмæ йæм дызæрдыджы цæстæй бакаст. — Адон мæнæ Байрийы лæппынтæ дæр куы сараз- дзысты. — Хатыр, фæлæ зондджын маймулитæ афтæ фæ- дзурынц, зæгъгæ цæмæй зонынад банкъарай, уый тыххæй райдай иууыл æнцондæрæй. — Цæй уæдæ фот де ’рдыгонау,— сразы Заза æмæ райдыдта рардты сæрæй кæнын. Кæны сæ цас гæнæн ис, уымæй цыбырдæр æмæ вазыгджындæр хуызты. Стæм хатт аивæй бакæсы Барбисмæ. Уый йæ хъуынджын хæмхудтæ размæ райвæзта. Кæсæн цæс- тыты æрфгуыты сæрмæ сйста æмæ цымыднсæй кæсы Зазайы къухты змæлдмæ. Тетрады цы рардтæ уыд, уыдон куы фесты, уæд ма йæм ноджы радта, йæ бирæ куысты рæстæджы иууыл вазыгджындæр кæуыл фем- бæлд, уыцы рардтæй иуцалдæр. Заза сæ, сæнк сти- гъæгау, ацарæзта. — Фæлæу, дæ хорзæхæй, — хæстæгдæр æм бабадт Барбис. — Адæймаг уæвгæйæ афтæ хорз кæм базыд- тай ацы вазыгджын предмет? Зазайæн æвиппайды й’æ хъуыдыйы февзæрд, ибон дард Зиптуны скæсæйнаг ахуыргонд шимпанзейы тых- хæй газеты цы уац бакаст, уый. Уым фыст уыд, зæгъ- гæ, дард Зиптуны скæсæйнаг математикон зонæдты дохтыр, профессор Къозойæн йæ цæхæрадоны уыд сæрмагонд сырддон. Къозойы иууыл уарзопдæр сырд- тæ уыдысты адæймæгтæ. Уыдон-иу бакодта йæ кусæн- датмæ æмæ йæ хъæлдзæг дардтой. Куы амард, уæд ын йемæ баныгæдтой цалдæр удæгас адæймаджы йæ- 143
хи фæндопмæ гæсгæ. Ныр Зазайы бафæндыд уыцы хъуыддагæй спайда кæнын æмæ райдыдта дзурын. — Ды, æнхъæл дæн, фехъуыстаис дард Зиптуны скæсæйнаг. ахуыргонд Къозойы тыххæй. Уымæ ба- хаудтæн æз хæрз сабийæ. Хъомыл кодтоы йæ кусæн уаты. Бирæ мæ кæй уарзта, уый тыххæй иууыл мемæ ныхас кодта. Æз дæр базыдтоп дзурын. Уый йын но- джы æхсызгон уыд. Райдыдта мæ ахуыр кæнын: фыс- сыи æмæ кæсыныл. Уый фæстæ мын амыдта рардтæ кæнын. Уымæ- æвзыгъд кæп уыдтæн, уый тыххæй мæ Къо- зо хуыдта профессор. Сæрибарæй мæ бауагъта йæ библпотекæмæ. Уым ахуыр кодтон мæхигъæдæй мате- матикæйы æппæт фарстытæ. Цы не ’мбæрстон, уый та мын амыдта йæхæдæг. Ех, бæргæ мын хорз уыдис уымæ, фæлæ куы амард, уæд мæ нпнæ сырдтæ æмæ адæмимæ ауæй кодтой сырддопмæ. Уырдыгæй та мæ балхæдта Базсл. Чысыл саби алæмæтон аргъаумæ куыд фе’хъусы, афтæ хъуыста Барбис Зазапы ныхасмæ. Иу мур дæр æм дзы дызæрдыггаг ницы фæзынд. Йæхæдæг хорз зонгæ у Къозоны цард æмæ сфæлдыстадимæ. Уын адæмы куыд уарзта æмæ сæ æдзух цалдæргæйттæй йæ кусæн уаты куыд дардта, афгæмæй, зæгъгæ гæ- нæн ис æмæ дзы исчи ахæм" зонды хицау разындаид, афтæ ахъуыды кодта Барбис æмæ хъæлдзæггъуызæп райдыдта дзурын: — Мæнæн тынг æхсызгон у, Æнгæсы адæймæгтæй зхæм зондджын кæй бахъомыл, уый. Дæ кой мын куы кодтой, уæд æз бынтон æндæргъуызон ахъуыды код- тои. Иуцалдæр азы размæ ’рцыд ахæм хъуыддаг: Уæлдæр физиологи æмæ психологийы институты фæ- гшнд иу цавæрдæр æмбаргæ адæймаг. Уый йæхи хуыдта æндæр планетæйæ æрцæуæг. Иæ ном та хуынд 144
Барои. — Заза куыддæр фестъæлфыдис. Рæвдздæр байхъуыста, зæгъгæ ацы профессор кæд нсты бæл- вырд зонид йæ журналист æмбалы тыххæй. — Ацы тæнæгсæр шимпанзеты уыйонг срæгъæд кодта ныха- сæй æмæ æрæвæрдтой фарст стыр æмбырды раз. Иæ- хи дæр ын ныхасы рацæуын кодтой. Уым уыдтæн æз дæр. Хъуыстон ын йæ ныхасмæ. Уый бæрц бакодтой шимпанзетæ æмæ йæ клеткæйæ ссæрибар кодтой. Дарæс ыл скодтой. Кодта зонадон куыст, цыдис экс- педициты. Шпрмапмæ ныллæууыдысты, кæддæр ам, зонад æмæ техникæ тынг размæдзыд кæмæ уыд, ахæм адæм кæй цард, уый сбæлвырд кæныныл. Маймулитæ куыддæр скæрæдзийы мидæг сты. Зопады цавæр цæс- тæнгас у раст кæпæ зылын, уый равзарæн нал уыд. Уыйадыл Барон дæ хицау Базелы къухмæ лæвæрд æрцыд. Уый йын операцийы фæрцы пæ зонд фесафыи кодта, æндæра, пæ зопын; афонмæ цытæ æрцыдаид адунейыл. «Ницы йын зоныс ды дæр, — хъуыды кæны За- за. — Йæ цармы иу цавæрдæр гуымыдза лæджы атыхта Барон æмæ ныр цæмæйзон кæм тезгъо кæны. Æнæмæнг уыцы Ширмамæ уыдзæн». — Ныр уæдæй фæстæмæ ис ахæм фидар бар- дзырд, — папирос сдымдта Барбис æмæ дзуры дард- дæр: — куыддæр ма æндæр планетæйæ фæзына ахæм адæймаг, афтæ йæ фыццаг фембæлæг маймули хъуа- мæ фæуын кæпа йæ бынаты. О, фæлæ ды нæхн бæстаг адæймæгтæй кæй дæ, уымæ гæсгæ дæумæ хъуамæ ма -\ауа уыцы цæстæнгас. — Цæмæйзон? Мæнмæ гæсгæ æз ницы азымджын дæн, дзурын кæй зонын æмæ математикæ афтæ хорз кæй сахуыр кодтон, уым. Кæд уæ мæ сæр искуы ба- хъæуа, уæд цæттæ дæн æххуысмæ. Науæд дæр мын л’ъысмæт куыд стæрхон кодта, афтæ цæрын. Никæй 10. Къæбысты 3. 145
ницы хъыгдарын. — Иæ хъуыддаг бафидардæр кæны- ны тыххæй сдзырдта Заза æмæ ныр æнхъæлмæ кæ- сы, Барбис ын цы зæгъдзæн, уымæ. — Гъе æмæ ныр дæ сæр хъæуы институты. Æр- мæст дæ раздæр фæлвардзысты стыр ахуыргæндтæ. Кæд уым кусынæн сбæззай, уæд дæ хъуамæ спайда кæпæм. Цы зæгъдзынæ? — фæрсæджы каст æм бакод- та. — Институты кусыпæн уавæртæ хъæуы. Ныртæк- кæ цы къуындæг клеткæйы цæрын, уым кусæи нæй, — цыма йын афтæ загъта ректор, зæгъгæ, иыртæккæ ку- сын райдай, уыйау дзурын райдыдта уавæртыл. — Уый æз дæуæй къаддæр не ’мбарын,— уæддæр маймулитимæ’ кæй ныхас кæны, уый цæмæй æнкъара Заза, уый хыххæй фидар хъæлæсæй загъта Барбис, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта:—Æз уал баныхас кæндзынæн рухсады министримæ, стæй пумæ бацæу- дзыстæм уæлдæр министрадмæ. Æз æнхъæл дæн æмæ дæ къух дæр сараздзысты æмæ мæ къух дæр. Мæ лектортæн сæ ахсджиагдæртæ хæсты фесæфтысты. Ныр институты программæйæ æртыццаг хай дæр нал цæуы ахуЫргонд. Цалынмæ Барбис æмæ Заза ацы ныхæстæ кодтой, уæдмæ Байри аргæвста карк. Магазинæй æрбахаста урс дзул æмæ калбастæ. Ноджы дыууæ авджы сæн... Заза йæ клеткæмæ куы ’рбацыд, уæд фырцин æмæ нуæзтæй уыд расыг. — Рæхджы райдайдзыстæм, адæм куыд цæрынц, афтæ цæрын, Заза нытыхст йæ бинойнагыл æмæ йын |йæ рæсугъд цæсгомæн пъатæ кæны. — Хъæдмæ ацæудзыстæм фæстæмæ? — тарстгъуы- зæй йæ афарста Генриеттæ. ’ — Цæмæн хъæдмæ? Æз зæгъын, махмæ зæххыл куыд цæрынц, афтæ цæрдзыстæм. Уыдзæн нын хæ- 146
дзар, цæхæрадон. Уæ дыууæ Мери кæндзыстут хæдза- ры æмæ цæхæрадоны куыстытæ. Æз кусдзынæн уæл- дæр ахуыргæнæндоны, Артур та ахуыр кæндзæн скъо- лайы. — Æмæ ам нал цæрдзыстæм? — фæцырд Артур. — Нал. Æгъгъæд нын у клеткæты маймулиты цард кæнын. — Йæ сæр ын æрлæгъз кодта Заза. — Мæн нæ фæнды ардыгæй, — æрхæндæггъуызæй бахъуыр-хъуыр кодта Артур. — Уæд цæуылнæ? — Фæдисау Заза. — Гертруд ам баззайдзæн æмæ... — Гъе, уый æцæг хъуыддаг... — ныхъхъуыды код- та Заза. Рагæй хаты, Артур æмæ Гертруд æнæ кæрæ- дзи кæй нæ фæразынц, уый. — Цы, уый зоныс, Артур? — Цы. — Нæма дæ байдыдта дзæбæх æмбарын? — Куыд нæ? Дзургæ дæр кæны, æмбаргæ дæр æмæ фысгæ дæр. — Уæдæ æз бацархайдзынæн, кæм хъæуа, уым, цæ- мæй немæ рацæуа. Ды та йын йæхиимæ баныхас кæн. Уадз æмæ уый дæр демæ ахуыр кæна. Артур фырцинæй сгæппытæ кодта æмæ алыгъд Гертрудмæ. XXIII. Базелы рахис дзæмбы уæраджы фæкъæдзгæнæ- на^й дæлæмæ, кæмдæр ахауд. Хæлафы фадыг дæр ма йæ цы хъыг дардтаид. Алыг æй кодта æмæ йæ гол- ладжы комау бахуыдта. Йæ иу дзæмбыйыл дыууæ лæдзæджы æнцой хæрз зынæй æрхызт рог машинæ- йæ. Иæ размæ бауадысты Зиба æмæ Байри. Заза1 147
-сугты цагъдыл бады æмæ сæм йæ цæст дары. А, къах ма, фæлæ уыцы стыр гæлдæр кæм ныууагъта, уый днссаг у. Иæ1 сатæг сау хæмхудтæ æмæ йе стыр хъил- хъустæ куы нæ уыдаиккой, уæд йæ базонын дæр фæзын уыдаид. Заза фыццаг хатт федта маймули кас- тилтимæ. Цыдæр худæг æм фæмидæг æмæ йæ цæмæй мачи фæхатыдтаид, уый тыххæй бацыд мидæмæ. Къæ- сæры .бахизæны Боро йæ фарсыл хуыссы. Заза йæ йæ къахæй сриуыгъта æмæ йын дуарæрдæм аца- мыдта. — Дæ господин æрцыд æмæ йæм ауай. Йе ’фцæ- джы атыхс. — Боро йæм уыцы æнæмбаргæ каст скод- та, стæй иннæрдæм азылд. Йæ рахис дзæмбыйæ йæ гуыбын ныхы. Заза фырхудæгæй йæхи нал урæдта, йæ дслеткæйы бамидæг æмæ хъæмпыл ныддæлгом. Куы "рсабыр, уæд йе ’мбæлттæм адзырдта: — Алчи дæр уæ йæ бынатмæ бацæуæт. Ныртæккæ уæм ахæм орангутанг æрбагæпп-гæпп кæндзæн йæ иу дзæмбыйыл æмæ-иу уæ удтыл фидар хæцут. — Худы Заза ноджы. Адæм бацыдысты сæ клеткæтæм. Хуын- чъытæй сæ цæстытæ ныццавтой дуарæрдæм. Æнхъæл- мæ кæсынц, чп ’рбацæудзæн, уымæ. Уынгæй хъуысы ахæм ныхас: Базел: — Кæдæй нырмæ нал уыдтæн мæ лабора- торийы. Фенон, цы ивындзинæдтæ дзы æрцыд. Зиба: — Æмбал Базел, дардвæндаджы фæстæ фæллад уыдзьгнæ. Хуыздæр нæ уаид, куы уал баулæ- фис? Базел: — Фæллады койгæнæн нал ис. Стæй дæр мын улæфыны рæстæг тагъд фæуыдзæн, уæ зæрдæ мыл мауал тыхсæт. Мæ уд ма тыхæй лæууы буары. Тагъд афардæг уыдзæнис, кæцæй æрцыдис, уырдæм. 1 Зиба: — Уæдта уал уæлæмæ, операцион хатæнмæ схизæм. 148
Базел: — Уый ницы уæлдай у. Зæронд, æрдæг мард маймули ма дæн æмæ мæм хæстæгдæр цы ис, уый уал фенон. Цыбæрæг ис, мæ уд кæд фæбалц уыдзæн, уымæн. Уыцы бæрзонд асинтыл ма фæразгæ дæр скæндзынæн? Заза нырма йеныр фæхатыдта, цæмæн нæ уадзы Базелы ардæм, уый. Боройы ахæм хуызы куы фена, уæд йæ зæрдæ куы атона. Нæ бакоммæкаст Базел. Йæ фæйнæ фæрсты тарст- хуызæй цæуынц Зиба æмæ Байри. Бахызт фыццаг хатæнмæ, фæцæуы дыккагмæ. Хæрзаг йæ иуиæг ныф- сы мæсыджы, æххормаг куыдзы хуызæн, хаудæй куы фена къæсæргæрон, уæд куыд фæуыдзæн. Æниу уый дæр цы йæ фыдбылызы къæхтæ ’рбахастой? Йæ сæры магъз ын куы бацалцæджытæ чынд, уæдæй фæстæмæ хуыссыд операцион хатæны. Уырдæм цыдысты про- фессортæ, доценттæ, академиктæ. Ничи йын нпцы ра- хатыдта йæ низы хаттæн. Фæстагмæ ныллæууыдысты ахæм хъуыдыйыл, зæгъгæ туг фæхъæстæ цавæрдæр æвзæр нозтæй. Йæ цыд фæуæззаудæр ис уæнгты. Сæ- ры. магъзмæ нал хæссы фаг туаггуыр æмæ нындзыг. (Уыдæттæ Зира фæдзырдта Зазайæн). О, æмæ уæ- дæй фæстæмæ æддæмæ нал цыд, фæлæ абон цы фыд- былызæн æрцыд. Æрбацыд къæсæрг.æропмæ. Уым ныххауд-æмæ хуыссы. Базел ма йæ фыццаджы уагыл куы уыдаид, уæд æй чи зоны афтæ тагъд иæ фæха- тыдтаид. Маймулийы йæ гæлир чъылдымы стæг цас уадзы, уыйбæрц йæхи схъæл дардта. Фæлæ ныр иуæй гуыбыр ныцци, иннæмæй та кастилтимæ хорз нæма арæхст æмæ иууыл йæ къæхты бынмæ каст. Куыддæр къæсæрæн мидæгæй йæ лæдзджыты æрывæрдта æмæ йæ иунæг дзæмбыйы æрбайсынмæ хъавыд, афтæ Боро дæр базмæлыд. Йæ цъæх цæс- тытæй йæм цыдæр æнæмбаргæ каст скодта. 149
— Ай... — Иæ хъæлæс фехгæдта. — Бо... Боро! — иу хъихъхъ ма фæкодта, стæй, уæрдонæй рахауæг йе- дзаг голлагау, зæххыл, адæргъ. — Байри, — йæ зонгуытыл æрхауд Зиба, Базелы риуы ’гънæджытæ уадзы. Иæ хæмхудтæ йын æууæр- ды. — Байри, дон! — Байри дон раскъæфта. — Ауай ныр, уæлæ уæлейæ цы сыл адæймæгтæ ис, уыдонмæ фæдзур. Уырдæм æй ахæссæм. Уый фæстæ телефонæй тагъдæххуысмæ адзур. Тагъд куыд рарвитой профессоры. Мæнæн нæй йæ цурæй фезмæ- лæн. Базелы куы ахастой, уæд Боро дæр сыстад. Сæ фæдыл араст цудтытæ гæнгæ, расыгау. — Уæ бындур хорз куы базмæлыд, нæ цытджып фысымтæ. — Сæ фæдыл ахъæр кодта Заза. Байри телефоны хæтæл систа. Зилы аппараты цæлхыг. Æвзары номертæ, фæлæ та йæм райхъуысы хъипп-хъиппы цыбыр скъуыдтæ. Æппынфæстаг ын йæ хъусы æлгътæ фелхынцъ кодта кæйдæр бæзджын хъæ- лæс. — Хиллауу! — Уыцы бæзджын хъæлæс, ризæгау, адаргъ кодта йæ дзырд. — Тагъд æххуысæй дæ? — Афарста йæ Байри. — Уæдæ кæцæй мæрдтæй дæн? — тызмæг дзуапп райхъуыст хæтæлæй. — Чи дæ, бахатыр кæн, фæлæ? — Дæуæн цы уæлдай у? Æз æмæ мæ цъæх гæды- йæ фылдæр иу удгоймаг дæр нæй ам. Ралæхур, чи дæ æмæ цæуыл фæтыхстæ, уый. Кæд дын исты баххуыс кæнын мæ бон бауа, науæд дын цы кæнон. — Æз дзурын, уæлдæр фнзиологийы институты ’директор орангутанг Базелы хæдзарæй. Профессор Базел пыртæккæ æрхæццæ хæстæй. Иæ зæрдæ сæв- 150
зæр æмæ ис йæ царды фæстаг минутты. Курæг уæ дæн, цæмæй йæм рарвитат иу профессор искæй.— Бардзырды хуызы загъта Байри. Удмæ афтæ кæсы, цыма Базел уыдоимæ куыд нымад у, æнæхъæн Сибе- ры дæр æй афтæ нымайынц. — Æмæ кæд уæ профессор хæстæй æрцыд, уæд цымæ йæ цæстытæ кæм уыдысты? Куыд нæ ф(ембæлд уым мах профессортыл? — Тызмæгæй дзуры уыцы бæзджын хъæлæс. — Уæвгæй йын ахсæв ницы мæ бон у. Бафæдзæхсут æй æмæ ардыгæй райсоммæ йæ удыл фидар хæцæд. Ам ма цæйдæр сыл маймулитæ вæййы. Профессортæ сты æви цы хæйрæджы сыкъатæ сты, æз сын ницы æмбарын. Райсом куы ’рбацæуой, уæд сæ иууылдæр арвитдзынæн. — Ацы ныхæсты фæстæ хæ- тæлы гуыпп фæцыд. Базелæн йæ зæрдæ йе ’муд куы ’рцыд, уæд ын ра- дзырдтой, Боройыл цы фыдбылыз сæмбæлд, уый. Йæ- химæ йæ ракæнын кодта. Фæрауын-бауын æй кодта. Уайтагъд йæ зæрдæ фехсайдта, чидæр ын цыдæр кæй сарæзта, уымæ. Фæлæ азымы кæй бадара, кæй баф- хæра, уымæн ницы зоны. Зиба æмæ иуцалдæр сани- тары ма институты ис, кæцытæ иучысыл уæддæр зонгæ сты медицинæимæ, фæлæ уыдонæй исчи ахæм ва- зыгджынопераци сараза, уый йæ иæ уырныдта. Зона- дон кусæг та дзы Боройæн йæхицæй дарддæр ничи уал уыд... Нымбæхста, кæй фæдызæрдыг, уый. Зирæ æппæт ацы хъуыддæгты аххосджын дæр йæ- хæдæг уыд æмæ та сын æвдисæн дæр йæхæдæг фæ- щтс. Æцæг æй фæрсгæ ничи ницæмæй бакодта. Уыцы вазыгджын операци уæлдæр медицинæйы кусджыты тсъухы дæр зынæй æфты, стæй адæймагыл ахæм хъуыддаджы фæдызæрдыг у, уый Базел йæ сæрмæ дæр нæ бахастаид. 151
XXIV. Базелы фæзыпд Барбисæн хурбоны арвы æрцав- дау уыд. Зындзырд, хивæнд маймули у. Йæ адæм иууылдæр уæййаг куы уой, уæддæр æм ахæм хуызы бахатыдæуыд, зæгъгæ, уæд хъуамæ райдайа дардыл таурæгътæ хæссын... Цы хорз уыдаид. Боро ма дзæ- бæх куы уыдаид, уæддæр æй фæрсгæ дæр нæ бакод- таид, афтæмæй ракодтаид Зазайы. Ныр цас æмбæлы, уыйас нæ, фæлæ дæс хатты тынгдæр ныввазыгджын кæндзæп Базел хъуыддаджы. Исдуг афæнд кодта, зæгъгæ, йæ бынтондæр ныууадзон, фæлæ уый гæпæн нæ уыд. Ам хиуарзондзинады фæдыл ацæуын нысан кодта ипститут бынтондæр сыхгæнын. Уæдæ йæ кæд- мæ дардзысты æнæ лекторæй? Иуцалдæр сыл, зæронд маймулийы ма дзы ис æмæ хуымæтæджы рард ракæ- нын дæр нæ фæразынц. Цы хъуамæ бацамоной сту- депттæп. «Цы уа, уый уæд!» — ныллыг кодта. Иу «сибер- скийы» авг (афтæ хуыйны Сиберийы нууыл кадджын- дæр нуазинаджы ном) йæ дзыппы ыывæрдта, къал- бас, адджын гуылтæ балхæдта æмæ араст. Уынджы Байрийы баййæфта сугтæ сæтгæ. — Кæм ис уæ хистæр? — бафарста йæ салам рад- тыны фæстæ. — Операциоп хатæпы ис, — загъта Байри æмæ- дарддæр кодта йæ куыст. Барбис афтæ æнхъæлдта, зæгъгæ, кусгæ кæны æмæ йæ ницæмæпуал бафарста, (Уый нæма фехъуыста Базелы рыпчын). Комкоммæ араст асинтыл. Куыд хæстæгдæр кодта, афтæ йæ зæр- дæйы цавд тынгæй тынгдæр кодта. Никуы й’æ ба- хъуыд, æгæрстæмæй, йæхицæй уæлдæр чи лæууыд, а’хæм маймулитæм дæр исты хъуыддаджы фæдыл лæгъзтæмæ цæуын. Ныр йæхи æмсæр мапмулимæ 152-
æруырдыг уа æмæ йын лæгъзтæ кэена, уый дæр ма хорз исты куы уаид, фæлæ адæймаджы тыххæй. Бын- тондæр æй йæ сæрмæ нæ хаста. Йæхинымæры æл- гъыста хæст райдайæн бон. Палатæйы къæсæрæй куы бахызт, уæд ыл хæрх- æмбæлд фесты æртæ цъæх халатджын сылгоймаджъь Уый сæ исдуг ницæмæ æрдардта, фæлæ йæ æмхуызон куы афарстой, кæп агурыс, зæгъгæ, уæд фæджих. Бæстон сæм ныккаст. Адæймæгтæ сты æви маймулн- тæ, уый рафæлгъауын йæ бон нæ уыд. — Кæй агурыс, дæ куы фæрсын? — цавддурау, куы лæууыд, уæд ыл сбуцтæ кодта Зазайы хæлар Зира. — Фæлæу-ма,.сымах маймулитæ стут, æви адæй- мæгтæ? — Нæ хæмхудтæм маймулийы хуызæй исты ис мыйпаг? — йæ цæстытæм ын ныккаст Зира. — Мæн Базел хъæуы, — дарддæр ныхаскæнынæй кæп ницы рамбулдзæн, уый бамбæрста æмæ бацар- хайдта ныхас фæцыбырдæр кæпыныл. — Базелæн тыпг мæгуырау у йе ’нæппздзнпад. Развæлгъау æй хъуамæ афæрсон, исы дæ йæхимæ, æви пæ, уымæй. Цы йын зæгъон? — Демæ зæгъ аиыхас кæпын фæнды орапгутапг профессор Барбисы. — Зира ацыд. Барбис хъуыды- ты адзæгъæл. Диссаг нæу адæймаг маймулийы фæн- дагыл æрлæууа? Базелы æнæниздзныад æцæг тынг мæгуырау уыд. Уый хуыссыд æфсæйиаг цъæтджыи сынтæджы. Хуыс- сыд дзыхъхъынпог, сыгъдæг хуыссæпты. Йæ цæстæн- гас уыд тынг æрхæндæг. Базелы уавæр нæ зыдта Ъарбис æмæ куыддæр фæтыхст. Уæддæр рæстæгыл фæрæвдз, æнæниз у, зæгъгæ, зæгъынмæ. — Æнæниз дæ дунейы фарп уадзæт. — Хъæццулы 153
быпæй раласта йæ хиталæджы хуызæн мæллæг дзæм- бы æмæ йæ Барбисмæ бадардта. Уый йын æй райста, фæлæ йæ зæрдиаг æлгъывд æркодтаид, уый йæ ныфс нæ бахаста. — Куыд у де ’нæпиздзинад, Базел? — кæд æй уа- диссаг ницы ’ндæвта Базелы æнæниздзинад, уæддæр æй афарста фæччыгъæдæн. — Ех, мæ зынаргъ Барбис. Уымæй фæрсын нал хъæуы мæн. Дыууæ къахнмæ дæр ницы уадиссаг уыдтæн, ныр кæсыс. — Хъæццул иуæрдæм аппæрста æмæ равдыста йæ, хъæды лыггаджы-хуызæн, къах. — Куыд дыл æрцыд уый, дæ хорзæхæй, Базел? На- уæд улæфыпы дзырдæй куы ацыдтæ ардыгæй? — Иæхи йыл цæстмæхъус мæтгæнæг скодта Барбис. — Æгæр улæфт дæр ма мын фæцис, æгæр, — хъæрз- гæ дзуры Базел. — Чи дæ уадзы улæфынмæ? Куыд- дæр поездæй æрхызтыстæм курортон горæты, афтæ нæ уæлхъус февзæрд иу инæлар Еникæ цалдæр хо- тыхджын æфсæддоиимæ. Нæл мапмулитæ цыдæрид- дæр уыдыстæм, æрбамбырд нæ кодта æмæ нын хъæр- æй бакаст хъахъхъæнынады министр шимпанзейы бардзырд. Уым дзырдæуыд, зæгъгæ, Æнгæсты май- мулитæ бахаудтой æвирхъау зын уавæры. Бамбиры гориллатæ сæ цæгъдынц æнауæрдонæй. Йæхи, дам, сыгъдæг маймулитæй чи хоны, уый хъуамææххуысмæ ацæуа пе ’фсымæртæм. Цы дæ зæрды ис? Иу майму- литæ ласæн дынджыр науыл нæ бакалдтой фондзæс- сæдзæй, сыгъдæг профессортæ. Æртæ бонмæ бахæц- цæстæм Бамбирмæ. Иу мæйы бæрц нæ ацахуыр код- той хæстои хъуыддагыл, стæй — комкоммæ фронты раззаг хахмæ. Æмæ афтæ æнхъæлыс Бамбиры го- риллатæ не ’фсады иыхмæ афтæ фидар фæлæууыдаик- кой? Иу фæцæфы фаг дæр сын нæ уыдысты, фæлæ нæхи сæфипаг гориллатæ. Иннæ ахæм Шнрма. Хицæн 154
полк сарæзта Æнгæсы гориллатæй. Кæм фæзыны, уым бынсæфт ныккæны орангутангты æфсады. Нæ ауæрды шимпанзетыл дæр. Иуахæмы не ’фсæддон хай боны стыр тохы фæстæ рацæй здæхт штабмæ. Æнæн- хъæлæджы иу хъæдгæрон нæ разы фæцис Ширмайы къорд. Æз уайтагъд мæ хуыцауы цæф базыдтон. Куыддæр фыццаг гориллатæ мæрдтæй æрхаудтой, афтæ æз дæр мæхи аппæрстон æмæ мæрдты бын фæ- дæн. Æнхъæлдтон, зæгъын, ныр аирвæздзынæн, фæ- лæ уалынмæ мæ цуры сæмбæлд цавæрдæр хæлæн нæмыг. Ницыуал базыдтон. Дыккаг бон æрчъицыд- тон госпиталы æнæ къахæй. Уым иуцасдæр фæсад- тæн, стæй хæцынæн куы нал бæззыдтæн, уæд мæ иуцалдæр мæхи хуызæн æнæ къах, кæнæ æнæ цонг маймулиимæ науы баппæрстой æмæ нæ рарвыстоп. — Ныхъус Базел. Ныхъус, цыма хæсты цаутæй цы ферох кодта, уыдон йæ зæрдыл æрлæууын кæнынмæ хъавыд, уыйау. — Уæддæр цы уыдзæн, Базел? — Цымыдисæй фæр- сы Барбис. Цæмæ ’рбацыд, уып дæр дзы айрох. — Ды фылдз^р фс~,тап. Хæсты уыдтæ æмæ йæ хатдзы- нæ. — Уый ныр алы лæппын маймулийæн дæр зын рахатæн нал у. — Фидарæй загъта Базел. — Орангу- тангтæ æмæ шимпанзеты мыггаг быныскъуыд суы- дзæн. Баззайдзысты ма адæм æмæ гориллатæ, уыдо- нæй цардмæ чи рæвдздæр разына, — уыдоп суыдзыс- ты Æнгæсы хицау. Цардмæ та рæвдздæр разындзыс- ты, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæмбаргæ адæмы разæй гориллатæ. — Дæхи æгæр ма ауадз. Ау, лæппын орангутангтæ дæр нал баззапдзысты? — Ныфс æвæрæгау бакодта Барбис. ч —Дзæгъæлы афтæ хъуыды кæныс. Орангутанг- 155
тæй хæсты чи ис, уыдон скуынæг кæныныл иæ ахицæн уыдзæн хъуыддаг. Хæсты фæстæ Ширмайæн йæ хъавд у ардæм орангутангты авдæны сабитæй суанг фæстаг зæронды онг скуынæг кæныимæ. — Барбисæн бынтон йæ ныфс асаст. Йæ хуын дæр дзы апрох. Ныр, фырадæргæй, йæ цæстыты цы дон абадт, уый асæр- фыны тыххæй нывнæлдта йæ дзыпмæ æмæ уæд æр- баймысыд, уым нуæзт кæй ис, уый. — Рынчын фæрсæггаг хуыздæр цыдæртæ хъæуы (нырмæ йын йæ рынчын кæй нæ фехъуыста, уый нал схъæр кодта), фæлæ мын æй ныббар. — Базелы раз цы чысыл стъолгонд уыд, ууыл æрæвæрдта авг, кал- бас æмæ адджинæгтæ. — Æниу сæ кæдæм хастай? Мæнæн ацы тыхст рæстæджы кæцы фæнды орангутангы æрбауайын дæр æхсызгон у, фæлæ мæ ничп абæрæг кæны. Æниу хъаст дæр кæмæй рачындæуа? Чи ма дзы ис? Иунæг Боройы ныфсæй ма мæхи æрæппæрстон ардæм. Зæ- гъын, куыстимæ йæ хуыздæр- базонгæ кæндзынæн. Иæ бæрны йын бакæндзынæп фнзиологийы уæлдæр инс- титут. Мæхи лаборатори дæр ын ныллæвар кæндзы- иæн, стæй æнæмæтæй амæлдзынæы... Æрцыдтæи æмæ... — Уыцы рæстæджы дуар æрбайгом æмæ мады арды хуызæн бæгънæгæй æрбахызт Боро. Цыма хатæ- ны æппындæр никæй федта, уыйау Базелы рæзты ахызт, æнæ исчердæм фæкæсгæпæ æмæ къуымы дæл- гоммæ йæхи ауагъта. — Уын йыл цы ’рцыд, дæ хорзæхæй?—Æиæмбарæ- джы каст кæны Барбис куы Базелмæ, куы Боромæ. — Æмæ йып цы базындæуыдзæи? Æз æп^съæл дæн æмæ йын чидæр йæ сæры магъзыл операцп скодта. Фæлæ чи? — Ацу æмæ йæ базон. 1— Дзургæ- нæ кæны? — Нæдæр дзургæ, нæдæр æмбаргæ. Хъæдæй фыц- 156
цаг хатт цы адæймæгты æркæнынц, раст уыдон хуы- зæн у. — Æнæ ’рдæугæ диссаг... — Нырма бирæ диссæгтæ фендзынæ, мæ хæлар, фæлæ ма дæ авг байгом кæн æмæ дзы фæйнæ ана- з&м. Афтæмæй маст къаддæр æвналы маймулийы зæр- дæмæ.. Фæйнæ дыууæ агуывзæйы куы аыызтой, уæд Бар- бис бафæнд кодта йæ хъуыддаг ахицæн кæнын. Æнæ- уый дæр æгæр бирæ кæй бафæстиат, уый’ йæм раст пæ кæсы. — Базел, дæ хуызæн хъæрзгæйы тыхсын кæнын аив дæр нæу, фæлæ мах хъуыддаджы маймулитæ кæй стæм, уымæ гæсгæ нæ макуы хъуамæ рох кæпа пæ сæйраг хæс. — Раст дæ, мæ хур, раст. Зæгъ, кæд дæ нсты хъæ- уы мæнæй. — Дæ адæмы ’хсæн ис, чысылæй фæстæмæ дард Зиптуны скæсæйнаг дынджыр ахуыргонд шимпанзе Къозоны кусæнуаты чи хъомыл кодта, ахæм адæймаг. Æз ыл бынтон æнæнхъæлæджы фембæлдтæн. Тынг хорз зоны математикæ. Мæ институты лекторты хуыз- дæртæ хæсты баззадысты. Фæнды мæ, цалынмæ бæс- тæ æрсабыр уа æмæ нæхи кадртæ фæзына, уæдмæ дзы, зæгъын, куы спайда кæнин. — Акæс дæ хорзæхæй, — ныддис кодта Базел.— Уый æцæг зæгъыс? ■ — Æцæг. — Н’ырма дæр мæ нæ уырны. Хатыр, фæлæ ма мын æй фенып кæн. Кæд æцæг разына дæ дзырд, уæд æн акæн. Акæн дзы, цал дæ фæнды, уал. Æз дæ ницы ра- домдзынæн сæ ныхмæ. Цы ма сæ кæныи? Кæмæн ма мæ хъæуынц. 157
Заза дис кодта, цæмæ ма йæ кæны Базелмæ, ууыл, фæлæ сразы. Базел куы федта, Заза рардтæ куыд рæвдз кæны, уый, уæд йæ дисæн кæрон нал уыд. — Æмæ дæхи фæнды кусын? — бафарста йæ. — Клеткæйы бадыны бæсты кусын кæй нæ ба- фæнддзæн? — фидарæй загъта Заза. — Цы дæ фæнды, уый араз, — Базел баздæхт Бар- бисмæ. Æвæццæгæн ыл нозт дæр фæтых æмæ снæр- тон. — Цал дæ дзы хъæуы, уал дзы акæн. Рабæздзыс- ты дын исты куыстыты. Кæд дæ фæнды мæнæ мæ хæ- дзар æд лаборатори, æд кусджытæ æмæ адæм дæу уæнт. Æз дзы бирæ нал ацæрдзыыæн. Барбис куы цыд, уæд Базел йæ цæссыгтæ æркалд- та. Ацы хъуыддаг дис фæкаст ректормæ. Ау, æхсон дурæй фидардæр зæрдæйы хицау маймулийы ахæм уавæрмæ чи ’ркодта, уый цавæр хæст у? XXV. Заза бæгънæгæй афтæ фæцайдагъ æмæ йæ буар дзаума нал уарзта. Барбисмæ йæ фыццаг хатт куы кодта Байри, уæд ын цы зæропд хæдзары дарæнтæ ’рбахаста, уыдон мидæг, цыма йæ буарыл мæлдзгуы- тæ рабыр-бабыр кодтой, афтæ йæм каст. Фæстæмæ йын сæ куы ласын кодта, уæд сæ тынг æхсызгонæй феппæрста. Æнæуи дæр йæ рæхснæг гуырыл майму- лийы гæлир уæнгтыл хуыд дзаума удæст кæрцы сун- тæ ныйисты. Уæд кæдæм цыд, цахæм маймулиимæ йæ базонгæ кæнын хъæуы, уый нæ зыдта æмæ сæ уа зæрдиагæй дæр ницы кодта, фæлæ иыр æндæр хъуыд- даг у. Барбис æм куы ’рбацыд, уæд æй Заза зонгæ дæр нал бакодта. Йæ хæмхудтæ булкъдаст. Сау бас- 158
тон кастюмы бынæй зынд урс нейлон хæдоны æфцæг- гот. Йæ хъуырйл, калмау, æрзæбул лыстæг, сау галс- тук. Иæ сæрыл нарæг быдырджын цъæх шляпæ арф æркодта суанг ын йæ хъилхъустæ дæр куыд æмбæрз- таид. Нарæг фадыгджын, цыбыр хæлаф ахæм тынг шуæвæрд уыд æмæ йæ цъæлыл къух алыг уыдаид. Рæсугъд хъулон цъындатæ, сынты базыры хуызæн, бæрзонд зæвæт цыргъ бырынкъджын дзабырты аны- гъуылдысты. Дзабырты фындзтæ хæрдмæ скъæдз сты. Æвæццæгæн сæ йæ пæлæхсар дзæмбы разиау нæ ацыд æмæ уымæн. Заза æнхæъл уыд, зæгъгæ мын исты хæррæгътæ уæддæр æрбахæсдзæн, фæлæ марадз зæгъ. йæ дæ- ларм иу цъæх сæрак папкæ бакодта, афтæмæй æрба- схъæл. — Цæуæм? — цыбыр, фæлæ фидарæп загъта Бар- бис. — Кæдæм? — ницы зонæджы фарст æй акодта Заза. — Нæ йæ зоныс кæдæм? — фæтызмæг ректор æмæ фæхъæр кодта, — Министрадмæ, æндæр кæдæм. — Æмæ ма дæхимæ ’ркæс, стæй уæд мæнмæ дæр. Ахæм хуызы мæ куы фена паддзахады сæргълæууæг, уæд сразы уыдзæн мæн институтмæ кусынмæ ауадзы- ныл? — Уæдæ куыд? — Фыццаджы дæр мæ хъæуы дзаумæттæ, стæй мæхи æрдасын æмæ ныннайын. — Мæ дзаумæттæй дæуæн ницы сбæздзæн... — Куы сбæззоп, уæддæр сæ не скæндзынæн.— Иæ ныхас ып фескъуыдта Заза. — Министрад никуы- дæм алидздзæн, æнхъæлдæн. Стæй уæ институт ныр- мæ куыд куыста, иу-дыууæ боны ма афтæ бафæраз- дзæн. 159
— Уый та цæмæн зæгъыс? — фæдисау Барбнс. — Мнннстрадмæ цæуыны æмгъуыд фæивæм. Фæл- тау азилæм магазинты. Балхæн хъуымац æмæ мын иу хорз карцкæрдæгæн бахуыйын кæн дзаумæттæ. Дза- быр хуыйджытæм дæр бауайæм. Мæ къахы бынтæ уæзæг сæвæрдтой. Дзабыры сæр сæ ницæмæн хъæ- уы, фæлæ уе студентты раз бæгъæмвад лектор куы лæууа, уæд апв ыæу. Цыбырдзырдæй ныртæккæ дæ- уыл цы ис, уыдрн мæ иууыл дæр хъæуынц, æрмæст мæхи уæнгтыл хуыдæй. Нæ бон у шляпæ уал уадзæм. Æнхъæл дæн мæ хъустæ æмбæрзт куы нæ ой, уæд- дæр уый бæрц фыдуынд нæ фæкæсдзысты уæ пад- дзахмæ. — Уымæй ма, цыма Барбисæн йæ арм фæрог кодта, ахæм хъæлæсы уагæй дзырдта Заза. — Уымæй дæр раст дæ, фæлæ нæ уæд æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн, æппын къаддæр, иу къуыри,— бакатай кодта Барбис. — Тынг тагъдыл нæ кæй хъæуынц, уый сын куы зæгъæм, уæд сæ дыууæ бопмæ арæвдз кæпдзысты. — Ныфс ын авæрдта Заза. — Цæуæм уæд ныртæккæ магазинмæ æвæстпатæп. Фæндагыл уал дзабырхуыйæн фабрикæмæ бауа- дысты. Барбис Зазайы фæурæдта иу даргъ каридо- ры, — æз зæгъгæ чек рафыссын кæнон, — асинтыл фæраст дыккаг уæладзыгмæ. Фæйпæрдыгæй хъуысы станокты гыбар-гыбур. Заза чысыл алæууыд, стæй иу дуар фегом кодта. Уæрæх хатæны станокты уæлхъус лæууынц бпрæ адæм. Кусынц зæрдпагæй. Заза бæс- тон акæстытæ кодта, æмæ дзы маймули куы нæ суыд- та, уæд хъæлдзæгæй фæхъæр кодта: — Байриат, æфсымæртæ. — йæ размæ рауад иу бæрзонд, бæзæрхыгтæ конд лæппу-лæг. (— Исты агурыс? — бафарста йæ къæзæнæг хъæ- лæсæй. 160
— Уæ куыст уып фепоп, — загъта Заза, стæй сын сæ бæгъæмвад къæхтæм æркаст æмæ ма йæ дзырдмæ бафтыдта, — уæхнцæн куыд нæ хуыпгæ стут дзабыр- тæ. — Адæймагæн дзабыртæ! Худæгæй марыс, — хъæ- рæй ныххудт къæзæнæг. — Уæдæ ма-иу кæс пыртæккæ. Мæ хицау æрбацæ- уа, æндæра æз цы дзабыртæ бахуыйын кæнин мæхи- иæн, — загъта Заза æмæ æддæмæ рацыд, зæгъгæ мæ Барбис куы агура. Куыддæр къæсæрæй рахызт, афтæ асиныл æрцæй хызт Барбис. — Цымæ фыццаг хатæн кæм уыдзæн? — Дардæй бафарста Барбис. Заза цы хатæпæй рахызт, уый дуа- ры сæрмæ скаст. Фыст дзы уыд «№ 1». — Ам ис, — загъта Заза, стæй Барбисы разæй ауагъта, йæхæдæг йа* фæдыл бахызт. — Брпгаднр уæ кæцы у? — станокты хъæлæба йын куыд пæ банымæг кодтаид йæ фарст, афтæ хъæрæй загъта Барбпс. Уаптагъд йæ размæ рауад къæзæнæг ■ æппу-лæг. — Мæнæ дын чек. Ацы лæгæн йæ къæхтæ сбар æмæ ныи тыпг тагъдыл куыд сцæгтæ кæнай иууыл хуыздæр сæракæй дзабыртæ. — Уæд нæ станоктæй искæй рацаразын бахъæу- дзæн, цæмæй адæймаджы къахæн бæзгæ хуыйа, — бакатай кодта къæзæнæг. — Уый мæнмæ нæ хауы. Кæд уыдзысты дзабыр- тæ? — цæхгæр бафарста Барбис. — Иннæбон уыдзысты, — чысыл ахъуыдыйы фæс- тæ загъта брнгадир, стæй иу лæппумæ фæдзырдта æмæ сисын кодта Зазайы къахы барæнтæ... Цыдæриддæр æй дзаума хъуыд, нууыл дæр ын ныфсæвæрдгонд уыдысты дыууæ бонмæ. — Дасгæ æмæ найгæ, дзаумæттæ куы райсон, уæд 11. Къæбысты 3. 161
иыккæндзынæн.— Загъта Барбисæн æмæ æнæмæтæй æрбафардæг йæ клеткæмæ. XXVI. Маймулиты зæххыл фыццаг хатт цы дзаумæттæ скодта Заза, уыдон ницы уадиссаг аив бадтысты йæ фидауцджын уæнгтыл, фæлæ йæ мурмæ дæр не ’рдардта. Залмæ куы бацыд, уыцы рæхснæг, булкъ- даст цæсгом æмæ аив фаст сæры хилимæ, уæд æй суаиг Генриеттæ дæр нал базыдта. Иудзæвгар æм дызæрдыджы цæстæй фæкаст, стæй йæм йæхи ба- уагъта, фæлæ йæ цæнгтæ атыхсыны æввонг тыгъдæй баззадысты. Заза бамбæрста йæ дзаумæттæ счъизи- кæнынæй йын кæй фæтарст, уци æмæ йыл йæхæдæг атыхст. Йæ уадулæн ын апъа кодта. Генриеттæмæ иыры хуызæн хъарм æмæ фæлмæн никуы фæкаст За- зайы пъа. Уыцы лæгъз даст рустæ æндæдзæгау акод- той йæ уадултыл. Артур æмæ Мери цыдæр æрхæндæггъуызæй лæу- уыдысты. Сæ цæсгæмттыл зынд узæлынмондаг æнгæс. Заза сæм фæзылд. Артур, уыцы фидæрттæ конд лæп- пу, кæд афтæ æнцоп сисæн нал уыд хъæбысмæ, уæд- дæр æй систа Заза. Йæ риумæ йæ нылхъывта, æмæ фæлмæн хъæлæсæй загъта: — Дзырд дын дæттын, мæ хæлар, рæхджы дæуыл хуыздæр дзаумæттæ кæй скæндзынæп, уымæй. — Гертруды дæр-иу ма ферох кæп. — Æнæмæнг. — Заза цæстæнгасæй адагуырдта Гер- труды. Уый лæууыд йæ тæккæ раз æмæ нæм хæрдмæ ц^>шыдисæй каст. Заза хъуамæ уый дæр йæ хъæбыс- мæ систаид, фæлæ сæ дыууæйы кæй нæ бауромдзæн, ууыл куы ахъуыды кодта, уæд Артуры дæр æрæвæрд- 162
та. Æргуыбыр кодта æмæ дыууæйыл дæр иумæ ныт- гыхст. — Æнæмæнг... Сымах уыдзыстут Æнгæсы зæххыл фыццаг амондджындæр адæймæгтæ. Æнгæсы æцæг æмæ æнустæм хицæуттæ. — Сæ рустæн сын фæйнæ пъайы акодта, стæй сæ суагъта. — Ныр рацыдаид Барбис дæр Базелæй. Мæнæн дæр афон у. — Худгæ цæстæнгас ахаста, фыццаг йæ нуры чи лæууыд, уыдоныл, стæй æппæт залы адæ- мыл. — Заза, — йæ зæрдæ æрбауыигæг Генриеттæйæн. — Цы кæныс, мæ зынаргъ? — йе ’фцæджы йын йæ цонг ауагъта. Иæхимæ йæ ’рбалхъывта. Уый тымбыл къухæй асæрфта йæ цæстытæ æмæ сдзырдта: —Тæрсын иунæгæй мæ куы ныууадзай. — Æдылы, — йæ русæн ын апъа кодта Заза. Æз сымах тыххæй цæуын, Æнгæсы адæмы клеткæтæй фервæзынкæныны ныфсæй цæуын. — Заза! — Æддейæ æрбайхъуыст Барбисы хъæр. — Цæуын, — адзырдта Заза, стæй ма иу хатт фæлмæн мидбыл худтæй ныфс авæрдта, йæ фæдыл тыхстгъуызæй чи каст, уыцы адæмæн æмæ фидар къахдзæфтæй рацыд. ...Дардылзылд тынг бæрзонд галуан. Иæ къултæ сатæгсау мраморæй амад. Цæхæртæ калынц зипту- ны тынтæм. Автобус скъæрæг сыл шимпанзе ма- шинæйы фæндаджы былырдæм куы базылдта æмæ куы ’рлæууыд, уæд Заза фæхатыдта, уый министра- ды галуан кæй уыдзæн. I — Ацы лæгъз асфальтыл хъæбæрбын дзабыртьг а^вæлтæрдæй бырынæй тас у, фæлæ арæхстгай цу, — куы рахызтысты автобусæй, уæд æй бафæдзæхста Барбис. Заза ницы сдзырдта. Уыцы дардыл рæсугъд 163'
фæзуаты цы бирæ сквертæ æмæ цыртдзæвæнтæ уыд, уыдоныл фæлгæсыны фаг дæр ын нæ уыд рæстæг. — Ацы фæзуат йæ цыртдзæвæнтимæ, стæй уæртæ министрады галуан сты зындгонд ораигутангты скульптортæ æмæ архитекторты куыст. — Раппæлыд Барбис. — Сыгъзæрин дзæмбыты хицау уыдысты, — цæст- мæхъус ныхасæн загъта Заза дæр. Галуанмæ бахизæны сæ æрурæдта, зæронд, йæ хæмхудтæ асфальтмæ кæмæн æрхæстæг сты, ахæм нæл шимпанзе полициаджы дарæсы. Йæ роныл тæк- кæ аргъæвæджы цур дзедзыкка кодта, йæхийау, зæ- ронд, афтид хуымпыр. — Йæ бæрзонддзинад Æпгæсы цытджын хистæр- •мæ цæугæйæ æрбавдисын хъæуы бары гæххæтт, — йæ астæу ма цас тасыд, уый бæрц сраст. Йæ рахис дзæмбы æрфыджы сæр авæрдта æмæ йе ’нæдæндаг мылыты ’хсæнæй ралæхурдта полицпаг. — Гъе, æмæ æнæ бары гæххæттытæй бафсæрыны фæнд куы скæниккам, уæд цы бакæнис? — зыны йыл, хъал орангутанг зæронд шимпанзейыл ахудынмæ кæй хъавы, уый. Зазамæ раст пæ фæкаст кæд маймули у, уæддæр зæронды æфхæрын, фæлæ йæ маст пынны- хъуырдта. —Полицæйаг цы бакæиы, уый! — фидарæй загъта шимпанзе æмæ къæсæры астæу хæлиу æрлæууыд, цы- ма йæ иувæрсты куы баирвæзой, уымæй тарст. — Полицæйаг дамбацайæ дæр фехсы, фæлæ дæ- уæн дæ роныл афтид хуымпыры йедтæмæ куы ницы ис. — Йæ хуымпыр ын рахис цæуæп дзæмбыйæ ба- риуыгъта. , —Æгъдау, мæ хур, æгъдау. Мах полицийæгтæ етæм æмæ хъуамæ нæ зæрдыл æгъдау дарæм, — са- быр сдзырдта шимпанзе. 164
— Стæ-ма, дæ хорзæхæй, уый цавæр æгъдау у? — бацымыдис кодта орангутанг. — Хæсты нæ фаг кæны дамбацатæ. Уырдæм сæ аластой. Ныртæккæ Сиберийы иунæг полпциагмæ дæр дамбаца нæй, фæлæ хуымпыртæ алчи дæр хæссы. — А уæдæ дын мæнæ бары гæххæттытæ. — Йæ дзыппæй систа дыууæ гæххæтты. Зæронд сæ бирæ фаз- рауын-бауын кодта. Æвæццæгæн сын æмбаргæ ницы кодта, фæлæ афтæ фæччыгъæдæн, стæй сæ радта Бар- бисмæ æмæ цыма Зазайы нырма еныр фæхатыдта, уыйау æм хæрдмæ скаст. — Æмæ ацы лæгъз фаст сырд та цæмæн хъæуы йæ бæрзонддзипады? Æвæццæгæн хæсты цаутæй йæ зæрдæ тыхсы æмæ-иу мæ, зæгъгæ ахъæлдзæг кæна йæ хъыллпппытæй. — Фарст дæр æмæ дзуапп дæр нæхæ- дæг радта. — Уый, мæ хур, ды кæй зыдтай, уыцы адæмæй пæу. Рæхджы дын дæ лæппынтæн институты лекцитæ кæс- дзæн. — Цæй, дæ хорзæхæй, — æнæууæнчы тылд бакодта йæ хæмхудтæ. —Æмæ дзурын зоны? — Дæуæй хуыздæр. — Сдзурын ма йæ кæн, дæ хорзæхæй. Уæларвои зæдтæм мæ уд куы атæха, уæд сæм уымæй днссагдæр ны ахæсдзынæн? Зазамæ хардзау фæкастысты ацы ныхæстæ. Афтæ йæм зыпы, цыма ныр иугæр дзаумæтты мидæг ис, уæд никæцыуал маймулийæп ис йæ бафхæрыпы бар. Шим- папзейы уæхск æрхоста æмæ сдзырдта: — Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй зæропд, уæларвон зæдты ’хсæн маймулитæн дæр бынат ис? — Ацы ’фхæрд май- мулитæй ничи бамбæрста, æмæ йын алчи дæр йæхи- рдыгонау саргъ кодта. Шимпанзе фырдисæй иуæрдæм 165
ацудæгау кодта æмæ йæ фæрсты бахызтысты Заза- итæ. Мидæгæй каридоры астæрд — мозаикон нывтæй фæлыст. Къултыл стыр, арæхстджын дзæмбытæ кæ- мæн уыдаид, ахæм хуызфысджыты конд нывтæ. Уæр- тæ фалиау иу къуымы лæууынц, æддейæ чи уыд, дыу- уæ ахæм зæронд полициаджы. Иу дзы шимпанзе, ин- нæ орангутанг. Барбис комкоммæ уыдонæрдæм араст, Заза ракæс-бакæс кæны. Уыцырдыгæй никуы дуар, никуы—’хæрдмæ асин. Лифт дзы уа, æмæ ахæмæй дæр ницы зыны. Хæстæг сæм бацыдысты. Барбис та уыдонæн дæр равдыста йæ бары гæххæттытæ. — О, фæлæ æз нырмæ йæ бæрзонддзинадмæ сырд- тæ цæугæ никуы федтон. Ацы дзаумаджын сырды хуызы мацы фыдбылыз æрбакæнай?—Дызæрдыджы цæстæй бакаст полициаг орангутанг фыццаг Барбис- мæ, стæй та йе тмбал шимпанземæ, ома ды та цы зæгъыс? Уый йе уæхсчыты æнæмбарæджы æлхъывд фæкодта, стæй загъта: — Йæ тæккæ бахизæны лæууынц фондз ахуыр куыдзы. Уыдон цæстæнгасыл базонынц зæрдæйы хъуы- ды. Кæд миййаг исты фыдвæнд ис дæ зæрдæйы, уæд дæхи дæр ма фесаф æмæ мах дæр. — Ацы гæххæттытæ йæ бæрзонддзинады бардзырд- мæ гæсгæ лæвæрд сты. йæхимæ фыдвæндгæнджыты хоиы йæ бæрзонддзинад. Уый бæрц хъуамæ ма ’мба- рат? — Бауайдзæф сын кодта Барбис. — Цæй, фæуæд уæ бар, — орангутанг къулыл цы- дæр кыопкæ фелхъывта. Уайтагъд бæрзонд кæцæйдæр ссыд калмы сыф-сыфы хуызæн хъæлæба. Чысыл фæс- тæдæр сæ разы æрлæууыд мраморæй конд цыппар тнгъон рæсугъд фæйнæг. Йæ уæлæ фынг алыгъуызоп газеттæ æмæ журналтимæ. Уый алывæрсты — бан- дæттæ. 166
— Сбад, — загъта Барбис Зазайæн, уый æрбадт æмæ уайтагъд газет кæсыныл фæцис. Цы уæладзыджы æрлæууыд сæ лифт, уымæн йæ астæрд уыд паркет. Уымæй дæр хуымæтæджы нæ, фæлæ алыгъуызон нывтимæ. Цæрттыл æрцауындзæг сты егъау сыгъзæрин люстрæтæ. — Дæ къухтæ размæ сис, мæнæ афтæ, æмæ ца- лынмæ йæ бæрзонддзинады размæ бахæццæ уæм, уæд- мæ сæ ма рауадз. Хъахъхъæнæг куыйтæ нæ лыстæг скъуыдтæ пыккæндзысты. — Бафæдзæхста Барбис. За- за дæр схæцыд йæ цæнгтыл. Цæуынц даргъ, фæтæн тыргъы. Сæ фæйнæ фарс алыгъуызон цъæхсыфтæр- джын æмæ дидинæгджын бæлæстæ. Заза йæхи фæ- хатыдта Министрады галуаны нæ, фæлæ цавæрдæр аив фæлыст парчы. Уыцы хъуыдымæ йæ тынгдæр æр- кодта, бæлæстыл алыгъуызон мæргътæ кæй уыд æмæ рæсугъд зарджытæ кæй кодтой, уый. Тыргъы кæронмæ куы ахæццæ сты, уæд сау сæра- кæй æмбæрзт, бæрзонд дуар йæхи гъæдæй байгом. Зазайы цæстытæ андæгъдысты мидæгæй æндæр ахæм дуарыл. Йæ фæйнæ фарс астæрдыл хуыссы дыууæ арсыйас цъæх куыдзы. Сæ сæртæ бæрзонд систой æмæ сæ цæхæркалæг цæстытæй ныккастысты æрбацæу- джытæм. Барбис дуары мидæгæй æрлæууыд. Йæ сæ- ры батылдæй кæмæндæр салам радта, стæй ба- фарста: — Йæ бæрзонддзинадмæ исчи ис мыййаг? — Ничи. Цавæрдæр орангутангмæ æнхъæлмæ кæсы, йæ уæлæ дзаумæттæ кæмæн уа, ахæм адæймаджи- мæ. —Заза нæ уыны дзурæджы, фæлæ йæ хъæлæсмæ гæсгæ зоны æвзонг, сыл маймули кæй у. — Уыдон мах стæм. Бацæуыны агъоммæ нæ нсты хъæуы? — бафарста та Барбис. — Æмæ уæд дæ адæймаг кæм ис? 167
— Мæнæ ис, — иуварс ахызт Барбис æмæ Заза- пæн фæн’даг радта. Уый бахызт йæ сæры батылд æмæ фæлмæн мидбьтл худтæй салам радта нарæг стъолы фарсмæ бадæг сыл орангутангæн. Уымæн йæ сæр æмæ йæ цæсгомы хил уыдысты лæгъз фаст (сыл маймули- тæ сæ цæсгæмтты цыбыр бæзджын хил нæ дасынц). йæ гуырыл урс зæлдаг кофтæ. Суанг рæбыны къæдз- ты онг урс æрмкъухтæ кæуыл уыд, йæ уыцы дзæмбы- тæ фыссæн машинкæйы фæйнæ фæрсты хуыссынц. Стъолы бынæй зынынц фыдуынд, хъуынджын уæр- джытæ. Йæ къæхтыл, инпæ сыл маймулитæ кæй да- рынц, ахæм сау сæракæй æрмкъухтæ. Йæ разы алы рæтты хуыссынц æртæ куыдзы. Уыдон дæр иудзæв- гар фæкастысты æрбацæуджытæм, стæй сыл, æвæц- цæгæн, куы ницæмæй фæдызæрдыг сты, уæд сæ раззаг дзæмбытæм æруагътой сæ сæрты. Иугæр мидæггаг дуарæй куы бахызтысты æмæ Барбис йæ цæнгтæ куы ’руагъта, уæд Заза базыдта, кæй дзы ницыуал тæссаг ис, уый. Æруатъта йæ цæпг- ты æмæ агуры цæстæнгасæй, «йæ бæрзонддзинад» кæй хонынц, уый, ф(æлæ ахæм тархъæды бамидæг сты æмæ дзы иуы бæсты иу мин «йæ бафзонддзинад» куы уа, уæддæр сæ ацу æмæ ды ссар. Барбис (зыны йыл, фыццаг хатт дзы кæп нæй) йæ дзабырты феп- пæрста. Йæ папкæ иу бæласы саджилы фæфидар код- та, стæй йæ цыппар дзæмбыйæ бæлæсты къалпутыл йæхи ацауыгъта æмæ хъæды æрбайсæфт. «Уый дыи хъуыддаг!» — фæтыхст Заза, мацы фыд- былыз ын саразой. «Цы уа, уый уæд», — пæ къух ауагъта æмæ азылд хъæды. Хæрдмæ кæсы. Уæлæг фæрзонд кæмдæр, зыпы цъæх арвы хуызæп цар. Мæргътæ хъæлдзæг зарджытæ кæиынц. Тæрхъустæ гæппытæ кæнынц йæ алывæрсты. Уалынмæ тыхджын 168
сыбарсыбур ссыд кæцæйдæр. Заза фæкаст: дыууæ орангутанджы полицийæгты дарæсы, бæласæй-бæлас- мæ гæппытæгæнгæ сæхи бæрзондæн раскъæрдтой æмæ Зазайы раз сæ дзæхст фæцыд. Иæ дыууæ цон- гыл ын фæхæцыдысты. Размæ йæ нвазынц. — Кæдæм мæ кæнут?—Афарста сæ. Уыдонæн фыртæсæй сæ дзæмбытæ феуæгъд сты Зазайы цæпг- тæй. — Кæс, дæ хорзæхæй, кæд дзуры мапмулпйау,— ризгæ хъæлæсæй сдзырдта сæ иу. — Æмæ нын уæд Барбис куыд ницы загъта? — йæ сæр æпæмбарæджы тылд бакодта иннæ. — Кæд нæ нæ хъустæ фæсайдтой. — Зæгъы фыц- цаг. — Рахæц-ма йыл, æндæра ма иу хатт сдзурид. — Каэд уæ фæнды, уæд уын аргъæуттæ дæр ракæн- дзынæн, æрмæст мæ кæдæм’ кæнут, уый зæгъут, — За- за сын йæхæдæг йæ цæнгтæ фæсагъта сæ дæлæрмтты. . —Йæ бæрзонддзинадмæ дæ кæнæм, — семуд куы ’рцыдысты, уæд сдзырдта дыккаг полицæйаг. — Уæдæ уæ иу мæ разæй цæуæд, ипнæ мæ фæс- тæ. — Йæхæдæг сын бацамыдта, кæд миййаг ахст у, уæд полицийæгтæп ахст лæджы кæнын куыд æмбæ- лы, уый. Маймулитæн уый, чи зопы се ’гъдауы нæ уыд, фæлæ Зазайы ныхасæй фæтыхстысты æмæ уæл- дай ницыуал дзурын сфæрæзтой. Хъæд бирæ нæ ахаста. Уайтагъд бахæццæ сты, алыгъуызоп дидинджытæй фæлыст, ныллæг къуылды- мы рæбынмæ. Фæрсæрдыгæй йæм æрыхъуыст кæйдæр ныхас. Фæкаст уыцырдæм. Егъау дидинæфтыд бæла- сы бинаг цонгыл фæрсæй-фæрстæм бадынц Барбис æмæ иу æндæр орангутанг. Уый у стæвдтæ копд. Йæ цæсгом дæр æмæ йæ сæр дæр быпыл даст. йæ уæлæ куырæты хуызæп цыдæр даргъ урс хæдоигонд. Хæ- лаф дæр урс, фæлæ зæнгты æмдзалх уыпгæг. йæ 169
фадгуытæ æмбæхсынц фатхъултæй уæлдæр сау сæ- рак æрмкъухты. Афтæмæй зын рахатæн у сыл май- мули у æви нæл. Кæд сыл у, уæд йæ сæр даст цæмæн у, кæд нæл у, уæд та йæ къæхтыл æрмкъухтæ цæмæн ис? — Хъуыды кæны Заза. «Хæйрæджыты хай фæ- уæд. Мæнæн цы уæлдай у?» — иыллыг кодта æмæ по- лициаг орангутанджы фæдыл араст къуылдымы сæр- æрдæм. Уæлейæ разынд уæрæх зал. Йæ астæрд — паркет. Рæбыйнаг къулыл мозайкæйæ цавæрдæр об- страктон нывтæ. Стъолы алыварс фæлмæн къæлæт- джын бандæттæ. Заза дæлæмæ хъæдыл ахаста йæ цæст, стæй скаст хæрдмæ. Зæгъгæ хатæны къултæ нæ зындысты, уæд афтæ зыпди, цыма уыцы хатæн у быы- юн хицæн æрдз йæхи арвимæ. Полицийæгтæ Зазайы æрбадын кодтой иу бандо- ныл, сæхæдæг «къуылдымæй» фæуырдыг кодтой. Бæ- лæсты цæнгтыл сæхи ацауыгътой æмæ уайтагъд фæаууон сты хъæды. Чысыл фæстæдæр бæласы цопгæй сæхи æруагътой Барбиситæ. Уæззау цыбыр къахдзæфтæй æрбацыдыс- ты Зазайы цурмæ. Уый сыстад. — Йæ бæрзонддзинадæн дæ сæрæй акув, — æдзы- пæгæй куы лæууыд Заза, уæд æм фæцырд Барбис. Хицау чысыл йæ сæр фæкъул кодта размæ. Æвæццæ- гæн æидæргъуызон акувып хъуыд. Барбис пæ цæс- тытæ мæсты хъулæттæ скодта. Даст сæр орангутанг æм йæ уæхсчы сæрты бакаст æмæ сдзырдта: — Ницы кæпы. Адæймагæй уый дæр æгæр у. — Хæстæг бацыд стъолмæ. Æрбадт. Йæ ныхмæ æрба- дып кодта Барбисы дæр. Заза нæ зыдта, цы кæнып æй хъæуы, уый æмæ лæууыд. Барбис æй фæхатыд, йæ цуры йæ æрбадып кодта. Йæ бæрзоиддзинад стърлы бынмæ бавнæлдта. Цыдæр дзы фæкъæпп код- та. Стъол фæзыхъхъыр æмæ дзы сгæпп кодта иу чы- <. 170
сыл къус. Гæххæттыл цыдæр афыста. Къусы йæ æрывæрдта. Фæкъæпп та кодта бынæй цыдæр æмæ къус зыгъ-зыгъгæнгæ афардæг стъолыл фалæмæ. За- за ма йæ фæдыл каст. Фæлæ уый кæмдæр фæаууон. Дзырд нæма сфæрæзтой, афтæ стъолы кæронæй фæ- зынд егъау тæбæгъ. Æрбатахт æмæ дзыхълæуд фæ- кодта сæ разы. Тæбæгъы мидæг æртæ чысыл къусы сæ кæрдтæ æмæ сæ вилкæтимæ. Æртæ карчы цурын фыхæй. Æртæ сæны авгы æд агуывзæтæ. Фыццаг къусмæ февнæлдта йæ бæрзонддзинад, æрæвæрдта дзы иу карк æмæ йæ айста, ноджы ма иу кард æмæ вилкæ, иу сæны авг æд агуывзæ. Афтæ бакодта Бар- бис дæр. Чи ма дзы баззад, уыдон Зазайы кæй сты, ууыл дызæрдыг нæ кодта. Райста сæ уый дæр, тæ- бæгъы ма баззадысты дзулы кæрстытæ. Алчи дæр йæ агуывзæйы сæн æркодта. Сæ рæзтæм сæ æрбакодтой æмæ райдыдтой ныхас кæнын. Ныхас кодтой, Заза бирæ хæттыты кæй фехъуыста, ахæм хабæрттыл. Хæс- тыл, Ширмайы фыдракæндтыл. Зонад æмæ техникæ- йы рæзтæн куыд базиан кодта хæст, сæ фæстаг Æп- гæсы æмбæлццон нау удæгас цæрæгойтимæ куыд æнæфæстиуæг разынд. Маймулитæ кæцæй равзæр- даиккой, уый фарст дæр та сæм æрхауд. Ам йæ бæр- зонддзинад бакаст Зазамæ æмæ сдзырдта: — Ды куыд æнхъæлыс, уый иæ зопын, Барбис, фæ- лæ мæнмæ афтæ кæсы, цыма адон æнæмæнг сты май- мулиты рагон фыдæлтæ. Ацы тæригъæддæгтæи сæ зонд дæр æмæ се онг дæр къуымыхæй баззад се ’нæ- арæхсты аххосæй. Кæсыс махæн иæ цыппар дзæмбы дæр бæлæстыл хизынмæ æмхуызон арæхсынц. Уыдон та бæлæстæн сæ бынты хилынц. «Æцæгæй худы, фæстаг хатт чи худы, уып» — йæ- хинымæры бахудт Заза. Уæдмæ пæ бæрзонддзинады зæрдыл æрыфтыд фæйнæ агуывзæ аназын. 171
— Æппæт дунейы тыхджын æмæ зондджын май- мулнты цæрæнбон бирæ уæд.—Акуывта æмæ йæ анызта. — Нæ хъæбатыр хæстонты цæрæнбон бирæ уæд. — Анызта та Барбис дæр. Заза бамбæрста, кæмæн йæ зæрдæ цæуыл риссы, уый кæй кувы. Уый та ныр иу цасдæр бæрцæй зоны, Æнгæсы фыццаг хицæуттæ адæм кæй уыдысты, уый æмæ акувта. — Æнгæсы фыццаг æмæ æцæг хицæуттæ чи сты,, уыдон ын уæнт æнустæм хицау. — Тынг фæцыд йæ бæрзонддзинады зæрдæмæ ацы куывд. Уый кæддæ- риддæр Æнгæсы фыццаг хицæуттыл нымайы орангу- тангтьь Гориллатæ æмæ дам шимпанзетæ уыдон дæл- дæр къабæзтæ сты. Дыккаг агуывзæтæ куы ’ркодтой, уæд йæ бæрзонд- дзинад фæтагъд кодта хъуыддагмæ рахизыныл. — Абон мæм ис радон сесси. Хъуамæ баныхас кæ- нæм æфсадæн баххуысы фарстытыл. Тынг мæгуырау у хæлц æмæ дарæсы хъуыддаг. Уый тыххæй мын сы- махимæ бадыпæн бирæ рæстæг пæй æмæ уæ, развæл- гъау, хатыр курын. Телефоны пыхасæй лæгæн-лæгмæ дзурын хуыздæр у. Радзур мын цыбыртæй дæ фæн- дон. — Алы ран дæр кадрты хъуыддаг мæгуырау кæй у, уый дын æпæ зынд нæу. Инстптут æнæ лекторæй æнæ æртаг машпнæйæ уæлдай иæу. Æз ацы ыæл адæймагимæ базонгæ дæн хæрз æнæнхъæлдзæджы. Тынг рæвдз у математикæмæ. — Барбис лыстæггап радзырдта, Заза Къозойы тыххæй цытæ æрымысыд, уый. Йæ ныхас фæцис афтæ: — Мæн ныфс нс кæй сарæхсдзæн кусынмæ. Мæхæдæг æй алы хуызты дæр бафæлвæрдтон, — ам иуцасдæр бæрцæй мæнг кæй дз’ырдта Барбис, уый худæг фæкаст Зазамæ æмæ ин- 172
пæрдæм азылд. Йæ бæрзонддзинад иудзæвгар фæ- хъуыды кодта, стæй сдзырдта: — Нæ уæздан маймули мыггагæн стыр æфхæрд уыдзæн бæстыл иууыл æлгъагдæр сырды нæ инсти- туты лектор скæнын,' фæлæ цы гæнæн ис. Бирæгъыл дам уынгæджы бон куы ’ркæны, уæд куыдзы бын дæр атулы. Бафæлвар æй. Мæгуырау нæ уаид мап- мулийы маскæ йыл бакæнын æмæ йæ бæрзæй чысыл размæ гуыбыр куы дарид, уæд, фæлæ йын йæ фыд- уынд къухтæн та цы бачындæуыдзæн? Æдзух сыл æрмкъухтæ куыд дардзæн? — Æнхъæл дæн æмæ йыл куы фæцайдагъ уой студенттæ, уæд сæм æппындæр пицыуал днссаг кæс- дзæн. — Йæ хъуыды балхынцъ кодта Барбис. — Цæй хорз, — сразы йæ бæрзонддзинад, стæй афарста: —ныртæккæ кæм вæййы? — Базелы лабараторийы ис клеткæйы. — Æмæ клеткæйы уæвгæйæ дæ бон кусын суы- дзæн? — фыццаг хатт баздæхт Зазайæп йæхимæ. — Кæй зæгъын æй хъæуы нæ. Лекцитæм цæттæ кæнын хъæуы. Уым та фезмæлæп дæр нæй. — Уæд æй ракæныи бахъæудзæн иу хæдзармæ. Æрмæст Базелимæ баныхас кодтай? — бафарста Барбисы. — Уыимæ дзырд дæп. — Загъта Барбпс æмæ ма бафтыдта. — Базелы уавæр тынг мæгуырау у. Уый разы у йæ хæдзар æд фæллой, æд адæм радтыныл, æрмæст дам исты фæпайда уæит, бирæ тых цы зона- дыл бахардз кодтон, уымæн. — Гъе, æмæ дзы уæд ацы адæймагæн рахицæн кæн иу хатæн. Уым цæрæд. Иæ куыст дæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуа истæмæй, уæд æй ф^æстæмæ бакæн йæ клеткæйы. Ныр ын йæхи дæр афæрсæм, разы у афтæ? — Зæгъ, Заза, — баздæхт æм Барбис. Зазайæн 173
цыма уæлдай нæу, акæной йæ институтмæ, æви нæ, уыйау сыстад æмæ йæ домындзинæдтæ райдыдта фи- дарæй нымайын. Дзуры: — Мæнæн ис бинонтæ, ома клеткæйы кæимæ цæ- рын, уыдон: дыууæ усы; иу дзы мæ бшюйнаг, иинæ мемæ хъомыл кодта чысылæй фæстæмæ, æмæ дыууæ сывæллоны. Адонæй фæхицæн уæвгæйæ никæмæп нн- цы фæпайда уыдзынæн. Уый тыххæй мæ хъæуы дыу- уæ хатæны: иу кусæн уат, иннæ — цæрæн. — Клеткæйæ дын дæхи кæй сæрибар кæнæм, уый дыи æгъгъæд нæу, ноджы ма искæй мæт кæныс? — фæтызмæг йæ бæрзонддзпнад. — Цы гæнæн ис? Уæд мын мæхи дæр уадзут. Уæ- хæдæг æппæт дæр зонут: лектормæ зилын дæр хъæуы, цæмæй сыгъдæгæй цæуа студ^нтты размæ. — Куыд дæм кæсы, Барбис? — Мæнмæ гæсгæйæ Базел уыцы лабораторийæ ни- цыуал сараздзæн. Уæддæр ныкъаппа-къуппа уыдзыс- ты æмæ нæ цæмæй ацы лæгæн уæлдай кусджытæ æх- хуырсын мауал хъæуа, уый тыххæй уадз йæ бинонтæ уæнт йемæ. Æрмæст кæд сæ бон хæдзары куыстытæ суыдзæн æмæ уый фæстæ хæринаггæндж-ытæ, æхс- джытæ йедтæ нал дардзæн, уæд. — Не ’рдомдзыиæн. Кæд дæ фæпды ныртæккæ дын къухфыст ратдзынæн уый тыххæй. — Æндæр ма дæм исты ис? — Бафарста йæ йæ бæрзонддзинад. — Мызд райсыны агъоммæ уал мæ хæсæй сфæ- лындзæнт, хæдзары цы хъæуы, уыдонæй: хæринаг, дзаума, мигæнæнтæ. — Уыдон бирæ дзырдтаг не сты, — дзуапмæ фæ- разæй Барбис. I — Цæй ныр фæуæм. Кæсут мæ мапмулитæ æм- бырд кæнын байдыдтой, — дæлæмæ хъæдырдæм аца- 174
мыдта йæ бæрзонддзинад. Æцæг бæлæсты цæнгтыл фæзындысты иугай маймулитæ. Заза фæстæмæ здæхт хъæлдзæгæй. Уыцы уæлахи- зы бон чысыл истæмæй банысан кæныпы тыххæй Бар- бисæн балхæнын кодта магазины иу кило шоколад- тæ. Залмæ куы бацыд, уæд ыл тыгуыртæ кодтой, канд йæхи «бинонтæ» нæ, фæлæ клеткæты уæвæг æп- пæт адæм дæр. Уый йæ дзыппæй систа конфеттæ æмæ дзы алкæмæн дæр лæвæрдта: Стыртæн иугæйттæ, чы- сылтæн дыгæйттæ. 175
ДЫККА Т ХАЙ 12. Къæбысты 3.
ЦАРД ИВЫ ЙÆХУЫЗ 1. хАæ къахдзæф фидар, сæр æмраст лæууы уæхсчы- тыл, цæуы, цыма Æнгæсы бындурæвæрæг уый у. Цы- ма Æнгæсы хицау уый у. Маймулийыл фембæлгæйæ йæ цæст дæр не ’рныкъулы. Искуы пустæмхатт бæгъ- нæг адæймагыл куы фембæлы, уæд ып йæ сæрæп ныллæг акувы. Бамбардзæн æй æви нæ, уымæ нæ кæс- гæйæ, мидбыл худгæ фæзæгъы: — Дæ бон хорз, ме ’фсымæр... Дæ бон хорз, мæ хо. Адæймæгтæ йæм дызæрдыджы каст æрбакæнынц. Йæ арфæйæн ын дзуапп радтыны охыл иу сыбыртт дæр никæй дзыхæй схауы. Заза уый тыххæй иикæмæ хъыг кæны. Сомбон, ныртæккæ Зазайылцы æнæбары хуыд’ дзаума ис, уыдон хуызæтты сæ сæрмæ уыпгмæ рацæуын дæр куынæуал хæссой, уæд-иу сæхæдæг фæ- раздæр уыдзысты саламмæ. Уый уыдзæн. Уыдзæп æнæмæнг! Инстптутмæ куыд хæстæг кæны, афтæ йыл цыдæр- гъуызон æнтъыснæгдзинад йæ базыртæ æруагъта. Стыр æмбырды фыццаг хатт доклад скæнынмæ йæхи 178
чи фæцæттæ кæны, ахæм хицау куыд фæтыхсы, афтæ чыхсы. Цæмæн? йæ куысты фæлтæрддзинад ба^ны- мæг? Нæ, ахæмтæп ницы ис Зазамæ. Уый æидæр цы- дæр маст æрæнцад йæ зæрдæйыл, уæззау дурау. Хъо- мылгæнæджы куыст бирæ нæ фæкодта зæххыл цæр- гæйæ. (Фылдæр зонадон куыст кодта). Фæлæ уыцы пъус рæстæджы дæр куыд бирæ бауарзта студентты. Кæсынæй сын не ’фсæст сæ рæсугъд цæсгæмттæм. Куыд æхсызгонæй сын лæвæрдта йе стыр зонындзи- нæдтæ. Æмæ ныр та? Куыд бафæраздзæн маймулиты фыдуынд хæмхудтæм кæсын? Цы зæрдæйы уагæп сын дæтдзæнис йæ бирæ зонындзипæдтæ?.. «Ницы кæны, Заза. — Йæхицæн ныфсытæ æвæ- ры. — Цард у уæрдоны цалхы уавæрæп. Цалхæй бы- нæй цы хай фæвæййы, уый дæр æнхъæлмæ кæсы, ис- куы уæлейæ кæй уыдзæн, уымæ». I Æрбахæццæ институты агъуыстмæ. Иæ разы уæ- рæх фæзуат бирæ бæлæстимæ. Бæлæсты цъуппытыл рагæпп-багæпп кæнынц студенттæ-маймулитæ. Цæ- ^ылдæр зæрдиаг ныхас кæнынц, ныллæг хъæлæсæп.. Заза хаты, йæ кой кæй кæнынц. Куыдзыхъуыды дæр- сæ нæ кæны. Йæ къахы айст ноджы фæхъæддыхДæр кодта. Къæсæргæрон лæугæ баййæфта Барбисы. Уый нын йæ къух зæрдиаг æлхъывд ныккодта æмæ загъта мидбылхудгæ. — Зæрдиаг арфæ дын кæнып, Заза. Абон райдыд- та, Æнгæсы маймулиады истори кæп нæма зоны, с;хæм хъуыддаг. Фыццаг адæймаг æрбахызт стыр зо- падон куыст æмæ хъомыладон ахсджиагдæр фарсты- тæ кæм скъуыддзаг цæуынц, ахæм уагдоны къæсæр- æй. Æмæ уымæй дæр ахуырмæ нæ, фæлæ йæхæдæг маймулиты ахуыркæнынмæ. Мæ цæст дын æнтысты- тæ уарзы. — Иу хатт ма пын ноджы нылхъывта йæ къух. 179
— Стыр бузныг дæ зæрдæхæлар ахастæй. Бацар- хайдзынæн де ’ууæнчы аккаг куыст бакæиыныл. Профессорты хатæпы ма баййæфтой иуцалдæр ацæргæ сыл маймулийы. Барбис сын загъта, зæгъгæ, базоигæ ут пæ математикæ æмæ фнзикæйы пог ахуыр- гæнæгпмæ. Уыдон æм æнæбары, цыдæр æлгъгæнгæйæ радтой сæ дзæмбытæ. Сæ нæмттæ дæр-иу нæ загътой æгæр- стæмæп. Заза рамæсты æмæ сын загъта: — Сымах кæд маймулитæ стут, уæддæр мын æх- сызгон у уемæ зонгæ кæнын, уымæн æмæ амæй фæс- тæмæ нæ куыст иумæ уыдзæн. Кæд уæ исчи истæуыл тыхса, уæд йæ цæсгом æнæ бахъæцгæ ма фæуæд про- фсссор Зазамæ. Æз-иу уæ алкæй ’къух дæр зæрдиа- тæй арог кæндзынæн. — Маймулитæ ныппыррыччытæ кодтой, ф^елæ сæ цыма Заза хъусгæ дæр нæ фæкодта, уыйау баздæхт Барбисмæ. — Программæнмæ куы базонгæ уаин. — Абон уал дын фыццаг лекци ис фæндзæм азон- тпмæ математикæйæ. Уыдон хъуамæ райдайоп цæуын уæлдæр математикæйы курс. Кæд дæ бон бауыдзæн уыцы вазыгджын предметæй афæлгæстоп лекци ба- кæсын, науæд уал рардтæ аразут. — Ыæ, иугæр программæмæ уый хауы, уæд дзы бакæсып хъæуы. Лекторæн цы бар ис æмæ нæ зоны- иы фыдæй фæива программæйы? — цæхгæр ныллыг кодта Зэза. Сыл маймулитæ та пыппыррыччытæ код- той. Ацы хатт сæм бæгуы мæсты нæ рацис, фæлæ та т/æхи ныуурæдта. Æрмæст загъта: — Мыййаг уæ кæд исчи æвдæлон у æмæ цымыдис .кæпы мæ лекцимæ байхъусынмæ, уæд табуафси. '>—Уый гæнæп дæр ис. Кæд искæй æвдæлы, мæнæи ■хгæхи æвдæлы. Нæ дæм уыдтæп фыццаг лекцимæ цæ- 180
уинаг, фæлæ куыддæр мæ зæрдæ пæ лæууы. — Загъ- та Барбис. Дыууæ с’ыл маймулийы ма разынд сæрибар, стæй цалдæр лабаранты. дæр бахатыдысты Барбисмæ, зæгъгæ, нæ ауадз. Уый раздæр нæ разы кодта, фæлæ йын Заза куы загъта, уæд ницыуал сдзырдта, — мæ- нæй ма. Техникон зонæдты доктор, профессор, уæл- дæр математикæйы курс куы нæ зона йæ фондз æн- гуылдзау, уæд уый профессор нæ, фæлæ гуыбындзæл у. Заза та уыцы хъуыддаджы, — табу хуыцауæп. Егъау аудиторимæ æппæты фæстаг бахызт Заза, уыцы егъау аудиторийы дзаг студент-маймулитæ иу иыррыкк ныккодтой æмæ аудиторийы фæрстæ фæ- цæй хастой, фæлæ сыл Барбис куы фæцъæхахст лас- та, уæд фæхъус сты. Уый бацыд кафедрæйы цурмæ æмæ хъæрæй загъта: — Нырæй фæстæмæ уын математикæйæ лекцн- тæ кæсдзæн, уыцы предмет хорз зопæг Заза. Хъусуг \орз.— Ацыд æмæ сбадт иу афтид бынаты. Заза балæууыд кафедрæмæ. Йæ дыууæ къухæй пыл æрхæцыд. Йæ цæст ахаста, цыдæр æлгъгæнæ- джы каст æм чи кодта, уыцы маймулитыл. Йæ тыхст- дзипад тыхсурæгау акодта æмæ райдыдта: — Уæ цæхæрцæстытæн чизоны хъыг кæпы адæй- маджы уынд, фæлæ æз æпхъæл дæн æмæ уæ зопадмæ чи тырны, уый рæхджы айрох кæпдзæп, нæ разы чи лæууы, уып. Заза-иу кæд тынг арфг аныгъуылд уæлдæр мате- матикæйы фарстыты æмæ нал хатыдта пæ разы чи бадт, уыдон, уæд ын æнцон уыд дзурын, фæлæ та-иу йæ цæстытæ куы ’рхæцыдысты искæцы маймулийы фыдуынд хæмхудтыл, уæд-иу цыма фæтыхст. Лекцийы фæстæ ма чысыл консултаци райста Барбисæй æмæ уайтагъд цæуынмæ фæцис. Ныры хуы- 181
зæн æиæуынон ын никуы уыдысты мапмулитæ. Йæ- химæ фæкаст барвæндæй йæ райгуырæн бæстæ ныу- уæйгæнæг фыдгæнæджы хуызæн. Институтæй хæ- дзармæ цыд уацарæй ралидзæг зæрдæйы уаджимæ. ’Лгъыста йæхи æмæ йæ хъысмæты. Искуы ма бацæу- дзæн институтмæ æмæ маймулитæ-студенттæн лекци- тæ кæсдзæн, ууыл ахъуыды кæныиы бар дæр нæ лæ- вæрдта йæхицæн. Бацæудзæн. Дзаумæттæ дæр æмæ цы чысыл муртæ бахæссинаг уыдысты абон йæ хæ- дзармæ, уыдон сын фæстæмæ аздахдзæн. Ныццæу- дзæн йæ клеткæмæ æмæ цæрдзæн, иннæ адæм куыд цæрынц, афтæ... Афтæ йæм фæкаст, цыма йæ ныхы хид рацыд фыртыхстæй. Иæ дзыппы йæ къух фæцавта къухтæ сæрфæп сисыны тыххæй. Иæ къух аныдзæвд цавæр- дæр гæххæттытыл. Фелвæста сæ... Æхцатæ. Æнæха- йыры ’хцатæ. Цæмæн ын сæ рафыста уыцы куыдзы фырт Барбис? Цæмæй фидардæр рæхыстæй баст æр- цæуа институты къæсæрмæ, уый тыххæй? Хорз Бар- бис, хорз. Ацы æхцаты аргъ дын куы нæ бафида За- за, уæд æй зæххон адæймагæй нæ, фæлæ æцæг май- мулийы гуыбынæй райгуырын хъуыд. — Ахъуыды кодта фидарæй æмæ фездæхт иу магазинмæ... Хъуы- мац æвæрæн тæрхæджы фæйнæгмæ зынæй чи æххæст, ахæм зæронд сыл шимпапзе къаннæг асины къæпхæ- ныл бады æмæ йе ’нæдæндаг мылытæн рæгъæд ба- нантæ æхсыны. Зазайы куы ауыдта, уæд фæцъæхахст кодта æмæ йæ бадæнæй зæхмæ æртылд. — Ды, æвæццæгæн, мыс.тытæ тæрсынгæнæн дæ, æндæра цæуыл хъыллист кæныс. — Ныртæккæ ахæм мæсты уыд Заза æмæ иу мин маймулийы раз дæр нæ бамбæхстаид йе ’нæуыпондзинад. — Фæлæу-ма, мæ цæстытæ мæ сайынц, æви ды 382
æцæг адæймаг дæ маймулийы дзаумæтты? — Тæрхæ- джы бынæй йæм тарстгъуызæй кæсы шимпанзе. — Гъе уый дæ бннонты хъуыддаг нæу. Кæд дæ маймулийы цæстытыл нал æууæндыс, уæд цы фæнды кæн. Мæнæн та ныртæккæ абар иу кило шоколадтæ, иу килограмм калбас, иу дзулы буханкæ, дыууæ ав- джы сæн. * Уыцы барджын хъæлæсы уагæй афтæ фæтыхст шимпанзе æмæ куыд архайдта, уый дæр нал зыдта. Цæсты фæныкъуылдмæ сæ атыхтытæ кодта. Авæрдта сæ Зазайы раз, йæхæдæг къуыммæ фæуад æмæ уым, тæргай гæдыйау, стымбыл. — Æ,мæ æхца та чи айсдзæн? — Æхца?.. Дæумæ æхца?...—Æнæууæнкгъуызæй нæм кæсы шимпанзе. Къуымы арфæй-арфдæр быры. Заза, æргътæ цы гæххæттытыл фыст уыдысты, уыдон- мæ бакаст. Нымапæп къæбæлтыл анымадта, цас сæм æмбæлд, уый. Æхца тæрхæгыл ныууагъта æмæ ра- цыд. Уыцы бон Заза, цы фатер ын радтой Базелы хæ- дзары, уым цы ныв æрбаййæфта, уый зæххыл цæр- гæйæ куы федтаид, уæд æнæ смæсты нæ фæуыдаид, цы фæнды хорз зæрдæйы уагыл æрбацыдаид, уæддæр, фæлæ дзы ныр æппæт дæр æрбайрох. Къæсæргæроп лæугæйæ баззад.* Худт тынг хъæрæй æмæ зæрдпагæй. Геириеттæитæ ныджджих сты. Цы ’рцыд, æнæуи уы- цы сабыр æмæ æрхæндæггъуыз лæгыл, уымæн ницы æмбарынц. Заза уæддæр лæууы æмæ худы. Фырху- дæгæй йæ тыхтон дæр æрцæй хауд, фæлæ ма йæ ацахста. Худгæ та мæнæ цæуыл кодта. Рапсом куы Цьтд институтмæ, уæд ницы ма уыд йæ фатеры. Бар- бис ын изæры загъта, зæгъгæ ма иу æхсæв бафæра- зут клеткæйы. Райсом дæ бинонты скæн дæ фатермæ. Æз институты техникон кусджытæн барвитдзынæн, 183
цы хъæуы, уыдон, стæй сæ дæ бинонтæ бафснайдзыс- ты. Зазайæн йæ хъуыдыйы кæрон дæр никуыуал уыд, Генриеттæ хæдзары дзаума йæ фыны дæр кæй нпкуыма федта, уый. Æмæ ныр ахæм уавæр куы федта, уæдæм худæг фæмидæг. Стæй худæг дæр куыд нæ уыд: уаты астæу лæууы фыссæн стъол, йæ къæхтæ хæрдмæ, афтæмæй; дзаумæтты шкаф йæ иу фарсыл фæлдæхт, йæ дуæрттæ къулæрдæм. Заза йын йæ айдæн асгæрста. Хорз уыд æмæ къулæрдæм фæцис, æпдæра дзы уыцы фыдуаг адæмæй исчи йæ сурæт куы федтаид, уæд æп æнæ ныззыгуым нæ фæуыдаиккой. /Ертæ æфсæйнаг сынтæджы хæлдæн иу ран къуымы — цагъд. Сыгъдæг æхсад хуыссæнтæ æртæйы фæлыст астæрдыл тыд. Сæ уæлæ ратул-батул кæнынц Генриеттæ, Мери, Ар- тур æмæ Гертруд. Агтæ, къустæ, электроплиткæтæ. æмæ æндæр лыстæг дзаумæттæ балкъоныл лæууынц, куыд сæ æрæвæрдæуыд, афтæмæй. Заза стъолы йæкъæхтыл слæууын кодта. йæуæлæ йын æнæ хæлдæй æрæвæрдта тыхтон. Фæйнæрдыгæп пæм сæхи байвæзтой Артуритæ, стæй устытæ дæр, фæ- лæ сын Заза сабырæй загъта: — Нырма уал нæ хæдзар бафспайæм, стæй нæ ног фатерæп акувдзыстæм. — Æмæ цы мæгуырау æфснанд у? — фæдисау Геи- риеттæ. — Нæ, Генриеттæ. Мах ныр клеткæйы царды уа- вæртæ бынтондæр ферох кæпæм. Мæнмæ хъусут, цы аразæм, уый уæ зæрдыл фидарæй дарут, цæмæй йæ дыккаг хатт уæхæдæг аразып фæразат. — Скъоламæ фыццаг хатт чи бацæуы, ахæм сывæллæттау æм зæр- диагæй хъусынц. 1 — Уæдæ райдайæм, — дзуры дарддæр Заза, — ныр- ма нын ацы иу стъолы педтæмæ нæй. Ууыл кæндзыс- 184
тæм хæргæ дæр, стæй фыссинаг кæмæн цы уа, уый дæр ууыл фысдзæн... — Æмæ уыцы бæрзондыл куыд хъуамæ хæрæм?—■ Батыхст Мерп. — Уый бынтон хуымæтæджы хъуыддаг у. Лртур, дуарæй мын æрбадав иу баидон: — Артур ацыд. Иу дзæвгар фæлæууыд, стæй æрбахаста къус. — Уый цы ’рбахастап?— хъæрæй пал, фæлæ йæ мидбылты гæзæмæ бахудт, зæгъгæ куы фефсæрмы уа лæппу. — Уæдæ пын хæрын æпдæр цæуыл бацамондзы- нæ?—фæдпсау лæппу. Заза пæхæдæг æрбахаста бан- дон. Æрæвæрдта йæ стъолы фарсмæ. Æрбадт ыл. Йæ размæ æрбакодта, Артур кæй æрбахаста, >ыцы къус. — Алкæй разы дæр уыдзæн къус хæринагпмæ. Мæиæ афтæ бад æмæ хæр. Фæлæ уал уый фæуа- дзæм. — Сыстад Заза. Хуыссæнты пуранмæ батым- был кодта, цæмæй сыл ма рацу-бацу кæной, стæй ба- цыд сынтæджытæм. Иу пых дзы систа. Къуымгæрон æй слæууын кодта æмæ загъта Гертрудæп, зæгъгæ афтæ йыл хæц. Иннæ тигъыл ныххæцын кодта Арту- ры, — цъæтыл иуæрдыгæй схæцыд йæхæдæг, иинæ- рдыгæй схæцып кодта Генриеттæйы. Фыццаг æй сфи- дар кодта Гертруды ’рдыгæп, стæй та Артуры ’рды- гæй. Сынтæджы цæттæпæ куы ауыдтой, уæд æм цы- мыдисæй кастысты. Гертруд ыл æгæрстæмæй тулгæ* дæр акодта, фæлæ æфсæйнаг цъæтыл фæрыст пæ гом буар æмæ рагæпп кодта фæстæмæ. — Алæ, куы нæ бæззы, — йæ фæрстæ ныхы. — Сбæздзæн, мæ хур, тагъд ма кæн, — рæвдаугæ хъæлæсæй загъта Заза æмæ ма йæ дзырдмæ бафтыд- та. — Еныр æнæ ме ’ххуысæй хъуамæ уæхæдæг сæ- вæрат иу сынтæг. — Цыппарæп дæр сæхи уыцы иу 185
цæф ныккодтой, уæлейæ цы цъæт уыдис, ууыл. Рай- ваз-байваз æй кæнынц, фæлæ йын цы кæнын хъæуы, уый рæгмæ ’рцыд сæ хъуыдыйы. Фыццаг Артур фæ- хатыдта, сынтæджы ныхыл кæй хæцыд, уый. Цъæты бын цы ных уыд, ууыл ныххæцыд. Уый фенгæйæ Гертруд та иннæ ныхыл ныххæцыд. Цъæт Генриеттæ æмæ Мерийы æвджид баззад æмæ йæ райстой... Куыддæриддæр уыд, сарæзтой йæ иу дзæвгар фæ- фыдæбоны фæстæ. Æртыккаг сын æнцондæр рауад. Сынтæджытæй дыууæ бахаста иннæ хатæнмæ. Æрæ- вæрдта сæ фæрсæй-фæрстæм. Уый фæстæ дзы алкæ- уыл дæр аив батыхта иуы фæлыст хуыссæнтæ æмæ сæ бамбæрзта æмбæрзæнтæй. Ацы куыст кæнгæйæ бафæдзæхста устыты, зæгъгæ нырæй фæстæмæ уый сымах куыст уыдзæн-æмæ йæ хъуамæ хорз зонат. Хуыссæнтæй ма чи баззад, уыдон Генриеттæйæн ба- тухын кодта, æддаг хатæны цы сынтæг уыд, ууыл. — Ай æз æмæ дæ сынтæг у æмæ йын хъуамæ хорз базонай йе ’взаг, — хъазгæ хуызы дзырдта Заза. — Уæд иннæтæ та? — афарста йæ Мери. ■— Иуыл дзы хуысдзынæ дæ фыртимæ, иннæуыл та Гертруд. — О, о, о! — Цины хъæр ныккодта Артур æмæ фæцæй згъордта сынтæгмæ, фæлæ йæ ф(æурæдта. — Уыдоныл хуыссæн ис æрмæст æхсæв. Бон хъуа- мæ лæууой хæрзæфснайдæй. Рахъил кодтой дзаумæт- ты шкаф дæр, Йæ айдæн ын æддæмæ фæкодтой æмæ йæ къуыммæ бассыдтой. Айдæны йæхи фыццаг ауыд- та Мери. Тынг фæтарст. Ныцъцъæхахст кодта. Иннæ- тæ фæджихау сты. Заза бацыд айдæнмæ. — Ам тæссагæй ницы ис. У, адæймаг йæхи кæм уыны, ахæм авг. Алчи дæр уæ дзы акæсæд æмæ фенæд йæхи. Уый тынг хъахъхъæнинаг у. Исты йыл куы ба- ныдзæва, уæд асæтдзæнис. — Ныр бамбæрстоп ав- 186
джы миниуæг. Алкæй дæр сæ фæндыд йæхи фенын æмæ кæрæдзийы рæзты бырыдысты, нæ æз æм хæс- тæгдæр фæуонæй. Заза йæ пиджак раласта. Сауыгъта йæ шкафы. Шкафы иннæрдыгæй бафснайдта, абон уал сæ ног фатерæн акувынæн чи нæ бахъæудзæн, уыцы лыстæг мигæнæнтæ. — Нæ фатер æфснайд фестæм, — хъæлдзæгæй загъ- та Заза. — Ныр уæ алчи йæхицæн бандон æрбахæс- сæт æмæ сбадæт стъолы фарсмæ. — Бандæттæ бæргæ æрбахастой. Бадгæ дæр сыл скодтоп, фæлæ сыл рафт- бафт кæнынц. Гертруд цалдæр хатты рахызт. Фæстæ- мæ та-иу сбадт. Заза алкæй разы дæр æрæвæрдта къус. Кæрдзын æрлыгтæ кодта, калбас дæр. Фæйнæрдыгæй фæлæ- бурдтой фынгмæ, фæлæ та сæ Заза фæурæдта. — Фыццаг хъуамæ акувæм нæ фатерæн сæнæй.— Æркодта агуывзæты. Алкæй разы дæр дзы æрæвæрд- та иу. — Æрмæст æй уыцы иу нуæзт мачи акæнæд. Уый хуымæтæджы дон нæу. Кæны расыг. Федтат, Боро-иу куыд рахау-бахау кодта, уый. Уæд-иу банызта амæй. — Æмæ мах дæр афтæ фæуыдзыстæм? — тарст- гъуызæй йæ афарста Генриеттæ. — Уыцы фæйнæ агуывзæйы сындæггай куы бана- зат, уæд уын ницы кæндзæн. Хæрды фæстæ сæ алчи дæр гæзæмæ барасыгдзæф. Сæхи къулгæрæтты афтид астæрдыл ауагътон æмæ сфынæйтæ сты. Нæ сæ бахъыгдардта Заза дæр. Зазайы (уазджытæ сæ схона, йæ бинонтæ æви йæ ахуыргæнинæгтæ, уый йæхæдæг дæр рæстмæ нæ зо- ны) адæм куы ’рфынæй сты, уæд æрбадтис райсомы лекцитæм цæттæ кæныныл. Бæргæ уыцы боны лекци- ты фæстæ фæратас-батас кодта, фæраууил-баууил 187
кодта йæ уавæр, фæлæ та фæстагмæ йæхн æрсабыр кодта. Рагæй фæстæмæ иу хъуыддаг хорз зоны: Ца- лынмæ бæласы цонгыл дыууæ къухæй фидар ныххæ- цай, уæдмæ йыл дæхи макуы ацауындзæг кæн. Æмæ уый тыххæй та иуцасдæр рæстæджы акусын хъуыд цæсгомджьшæй. Лекцитæ куы бацæттæ кодта, уæд бакаст, ннституты бнблиотекæйæ цы æндæр чингуы- тæ рахаста, уыдонæй цыдæртæ. Уый фæстæ ныууад бннаг залмæ. Адæм ыл амбырд сты. Дзурьтн дзы чы- сылтæ чи зыдта, уыдон æй цæмæйдæрты фарстой, ин- нæтæ йын тарстгъуызæй æвнæлдтой йæ дзаумæттæм. Йæ клеткæ уыд афтпд, йæ дуар гом. Цыдæр æдзæ- рæггъуыз æм фæзынд æмæ йын тæригъæд дæр фæ~ кодта. Уый фæстæ суад Зирæтæм. Уыдон æй дзаума- йы нпкуыма федтой æмæ дзы фæтарстысты. — Фæлæу-ма, ды Заза нæ дæ? — бауад æм йæ хæлар «хнрург»- — Тæккæдæр уый. — Бахудт Заза, стæй сæ афар- ста. — Цæй, куыд цæрут? Цы ис ногæй уæ уæздан мапмулптæм? — Ног ис. — Цыдæр сагъæсгъуызæй загъта «хи- рург». — Нæ цытджын Базел ницыуал аккаг у. Куыр- диат ныффыста йæ бæрзонддзинад министрады хис- тæрмæ, цæмæй йæ уæлдæр физиологийы институты директорæй ссæрибар кæна. — Æмæ дзы цы рауад? — бацымыдис кодта Заза. — Иу хъуымыздзых сыл орангутангы æрæрвыс- тон. Абон ам дæр уыд, фæсаууонмæ дам ахуыр кæны медицинон институты. — Уæдæ та сымах дæр, æвæццæгæн, уæ рагон бы- нат бацагурын бахъæудзæн? — бахудт Заза. — Иууыл дæр сын куы басудзиккон. 1 — Судзгæ цæмæн? Мах бахъæудзысты уыдон... Уæвгæйæ, дæ операцигæнæн цы фæцис? 188
— Ахæм ран æмбæхст ис æмæ йæ нпчн ссардзæн. — Уырдæм цæуыныл куы фæуат, уæд дæ ма фе- рох уæд. Æз-иу уæ уым дæр абæрæг кæндзынæн. Ныр æз сæрибар дæн. Æмæ канд сæрибар нæ, фæлæ май- мулиты ннституты лекцптæ кæсын- — Гъе, уый мæ нæ уырны? — нæ сæр æнæууæнчы тылд бакодта Зира. — Цæн, цæй. Дæу бирæ цыдæртæ нæ уырны, фæ- лæ цард йæ кæнон кæны. Федтан Боройæн цытæ акод- тай? — Уып æнцон хъуыддаг уыд. —О, фæлæ раздæр ахæм хъуыддагыл искуы ахъуы- ды кодтай? — Ууыл... Нæ... кæс дæ хорзæхæй. Цалынмæ дæу федтон, уæдмæ ахæм фæнд мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд... Заза йæ адæмы баййæфта стъолы фарсмæ бадгæ- йæ. Артур сын каст, Заза сæрмагондæй уымæн цы аргъæутты чиныг æрбахаста, уымæй цыдæртæ. Иу- дзæвгар ма фæбадтысты, стæй схуыссыдысты. Заза сæ бафæдзæхста, цæмæй астæрдмæ ма раппа’рой сæ хъæццулты. Ма рахауой сæхæдæг дæр... Фæлæ бирæ- гъæн æмбисæндтæ чи хаста, уый ми йыл æрцыд. Ме- ри райсомы тымбылтæй хуыссыд сынтæджы бын къуымы. Артур æмæ Гертруд хуыссыдысты кæрæ- дзиуыл тыхстæй къæсæргæрон. Гснриеттæ дæр, æвæц- цæгæн, искуы къулгæрон хуыссыдапд, фæлæ сынтæ- джы къуыммæ хæстæг бакодта Заза йæхæдæг æдде- йæ схуыссыд æмæ йын рахауыны фадат нал фæцис. II. Амард Базел. Æнгæсы иууыл стырдæр æмæ дзырд- Дзæугæдæр газет «Сиберийы цæсгом»-ы пыффыс- 189
той, сæрæй-бынмæ дыууæ колонкæйы чи бацахста, ахæм некролог Базелы нывимæ. Б’ынæй йыл сæ къух- тæ бафыстой министрады кусджытæ, æппæт уæлдæр æмæ астæуккаг скъолаты директортæ, зонадон кус- джытæ. Мард бавæрыны къамис (йæ сæрдар уæл- дæр физиологийы институтмæ ректорæй цы æвзонг сыл орангутанджы æрæрвыстой, уый) газеты фæрцы фехъусын кодта, Базел кæд æмæ кæм бавæрд æрцæу- дзæн, уыцы хъуыддæгтæ. Базелы ныгæнæн бон уæл- дæр ахуыргæнæндæттæн уыд улæфт. Уыдон хъуамæ хайад райстаиккой мард бавæрыны. Райсом бон куы ’рбацъæх, уæд æмбырд кæнын байдыдтой маймулитæ. Базелы зыбыты бæгънæг скод- той. Цæхæрадонмæ йæ рахастой. Бæласы цонгыл æй афтæ сæвæрдтой, цыма бадгæ кæны. Заза йæхинымæры худæгæй мæлы. «Куыйтæ, бæ- лæстыл райгуырдысты æмæ сæ марды дæр уыцы хорздзинадæй цух куыд нæ уадзынц». Маймулитæ уыцы стыр бæласыл нæ æз фæраздæ- ронæй рагæпп-багæпп кæнынц къалиуæй-къалиумæ. Цыдæртæ хъуыр-хъуыр кæнынц, фæлæ сын Заза æп- пындæр ницы æмбары. Афтæ фæрахау-бахау кодтой сихорафонмæ. Стæй йæ æристой, иу уæзласæн маши- нæйыл æй сæвæрдтой æмæ йæ хъæдæрдæм аластой. Иæ фæдыл цæуынц маймулитæ. Заза дæр цæуы. Фæн- ды йæ, цыми йын кæндзысты, уый базонын. Горæтæй иудзæвгар куы ауадысты/уæд бахæццæ сты иу хъæ- ды къохмæ. Бæлæстæ иууылдæр уыдысты æнахуыр ставд. Сæ цæнгтыл баст алы хæрд æмæ нозт^Машина раджы раздæхт, фæлæ марды цы фæкодтой, уымæн Заза ницыуал базыдта. Маймулитæ куыд цæуынц, афтæ бæлæстæм гæппытæ кæнынц. Алчи дзы йæхи- цæн æрцахсы аив бынат. Иæ фæстаг дзæмбытæй хæ- цы, цæмæй ма рахауа. Раззаг дзæмбытæй авнæлдтоп 190
хæрынмæ. Цавæрдæр хъуыраугæндтæй нуазынц сæн Зазамæ уый ницы диссаг кæсы, фæлæ марды агуры цæстæнгасæй. Йæ кой дæр никуы. Иу бæласы бын федта чысыл ног схъис æхсныфтæ. Хæстæг æм ба- цыд. Сыджытмæ кæсы, фæлæ дзы ног къахты фæд нæ разынд. Уæд бæласмæ лыстæг бакаст. Йæ цъар гæ- зæмæ хаххæй аззад. Йæ цæст ыл æрхаста. Егъау цып- пæрдигъон хахх. Уæд ма йын цы зонын хъуыд, бæла- сæй арæхстгай къæртт кæй рафтыдтой, кæй йæ скъах- той мидæгæй æмæ Базелы мард буар уым кæй бавæрдтой. Цалынмæ Заза уыдæттæ бæрæг кодта, уæд- мæ маймулитыл карз нозт фæзынд. Сæ хъæлæба тын- гæн-тынгдæр кæны. Чи заргæ кæны, чи кæугæ, чи худ- гæ. Чидæртæ дзы Зазамæ дзырдæппарæнтæ байдыд- та. Уый сæ мурмæ дæр нæ дары. Кæцæйдæр сыл фæхъæр кодта Барбис, зæгъгæ, уыйлектору æмæ уæ дзыхтæ бауромут. Ацы хъуыддаг ноджы тынгдæр баз- мæлын кодта нуæзтджын маймулиты. Иу ацæргæ шим- панзе йæхн бæласы къалиуыл ацауыгъта йæ фæс- таг дзæмбытæй. Раздæгтæп уыцы рог куыд февнæлд- та æмæ Зазайы сæрæй шляпæ куыд фелвæста, уый зонгæ дæр нæ бакодта Заза. Цалынмæ йæм фæстæ- мæ фæзылд, .уæдмæ маймули бæласы цонгыл абадт. Шляпæйы йæ сæрыл æрсагъта. Ие ’взаг раласта æмæ кæл-кæлæй худы. Заза гæзæмæ нæ рамæсты. Иæ ра- зы иу ставд цыбыр хъил фæцис. Февнæлдта йæм. Маймули ’ базыдта йæ хуыцауы цæф. Бæргæ ма фестад бæласы къалиутыл уæлæмæ алидзыны ныфсæй, фæ- лæ йæ сæййæфта Зазайы лæдзæг. Иæ тæккæ фæсон- тыл суад. Маймули фесхъæл. Йæ дзæмбытæ къалиу нал ацахстой æмæ бæласы бын йæ дзæхст фæцыд. Уæддæр, гæдыйау, уæлдæфы фæзылд æмæ йæ цып- пæртыл æрхауд. Амонд йæ хъахъхъæнæг ахæм æвзæ- рæн. 191
Маймулимæ адæпмаг йæ къух сиса, уый у Æнгæ- сы цытджын хицæуттæн стыр æфхæрд. Уæлдайдæр та сæ нозты зæрдæйæ ахæм хъуыддаг ныппарын сæхи- цæн баныманккой мæлæтæй уæззаудæр хъуыддагыл. Уаптагъд иу цалдæрæй сæхн рауагътой бæлæсты къалиутыл. Заза бамбæрста, ам хъуыддагмæ афтидх армæй кæсгæ кæй нал у, уын. Фелвæста, фыццагмай- мулипы кæмæй æрæппæрста, уыцы хъил. Хъæдæй чысыл иуварс рацыд, зæгъгæ, сын хыл бацандагъ, уæд ыл уæлейæ йæхи мачи æрæпппара! — Иу æвзонг, фи- дæрттæ конд сыл орангутанг æм йæхи бауагъта. Хъуамæ йын йæ хурхы уадындзтæ ацахстаид йæдзæм- бытæй. Заза йæ сæрмæ нæ бахаста сыл маймулитыл йæ тых æвзарын, фæлæ йыл ахæм хъæр фæласта æмæ уый пуртиау атылд. Расыг маймулитæ афтæ фен- хъæлдтоп Зазапы цæфæй атылд. Цалдæрæй йæм сæхи рауагътой, фæлæ уый нæ лæдзæг ныззылдта æмæ дзы иуы фæсонтæн цæф, иинæйы хæмхудтæн галпу къухæп хафт, æртыккаджы гуыбын сриуыгъта къа- хæп. Цыбыр дзырдæн ам ын рабæззыд, лæппуйæ бокс’ кæй уарзта æмæ ерысты хапад арæх кæй иста, уый. Фылдæрæп фылдæр кæнцнц йæ алыфарс майму- литæ, фæлæ ма сæ цæй маймулптæ ис? Иуы дзы куы асхопы, уæд дзы иуцалдæры та уый ахæссы йæ ра- зæй. Уалынмæ бæлæстæй æхсын байдыдтоп афтид хъуырæуттæ, æхсыд стджытæ, кæрдзыны буханкæтæ. Æхсынц сæ, кæуыл сæмбæлдзысты, ууыл æпæ хъуыды кæпгæйæ. Хъуырау, кæнæ стæг кæуыл сæмбæлы, уый та æрдпаггæнгæ йæ цæфыл хæцгæйæ атулы. Заза æрæджиауы онг не ’рхъуыды кодта, Барбис æмæ ма цалдæр сыл лекторы йæ уæлхъус кæй лæууынц æмæ æнæауæрдонæй кæй цæвынц, Зазамæ фæстæрдыгæй чй фæцæй-цæуы уыдоны, уый куы федта, уæд ноджы фæныфсджын. Ноджы зæрдиагдæрæй райдыдтадæыг 192
кæнын мæцъисæй, къухæй, къахæй. Афтæ æнæауæр- допæй цæвы, "чи пæм бахауы, уыдоы. Зæропд уа, ног уа, сыл уа, нæл уа, уып æнæ ’взаргæйæ, цыма йæ ныр цалдæр дæс азы цы фæфыдæбопæй мардтой, уый маст сæ исы. Цыма сæ Æнгæсы æппæт адæмы маст исы. Тох ахаста иу сахаты бæрц. Маймулитæй чи уым хаудæй баззад, чп та дзы лпдзгæ акодта. Æппæты фæстагмæ «хæсты быдыры» баззадысты Заза, Бар- бис æмæ пнституты иннæ лектортæ. Алкæмæн дæр сæ йæ хид фæсонтæй схъардта. — Ныххатыр кæнут. Мæн тыххæй сымах дæр фыд- былызы бахаудтат, — æфсæрмгъуызæй загъта Заза. — Уый дæ аххос пæ уыд. — Ныфсæвæрæгау сдзьь рдта Барбис, стæй ма йæм бафтыдта.—Аххосджын- тæ ма дæуæй цы цухæй баззадысты, уый ахæстоны баххæст кæндзысты. Дыккаг бон Заза газеты бакаст ахæм уац: «Хистхорты хъаугъа». Уацы фыстæуыд, зæгъгæ Æнгæсы. культурондæр уагдæтты кусджытæ ныррасыг сты зынгæ ахуыргонд профессор орангу- танг Базелы хисты. Кæрæдзи нал æмбæрстой æмæ сын бацайдагъ хыл. Хылы фæстпуджытæ: дыууадæс маймулийы уæззау цæфтæй хуыссынц рынчындоны, фондз æмæ ссæдзæй рогдæр цæфтæ сты сæ хæдзæрт- ты. Цалдæр бонмæ не сбæздзысты куыстмæ рацæ- уынæн. Хыл змæнтджытæ авдæй сты ахæстоны. Ба- зелы фæстаг балцы цытæн мард бавæрыны процессы хайад иста Æнгæсы планетæйыл фыццаг адæймаг — ахуыргонд, педпнституты лектор Заза. Уый хисты бæ- лæстæм хизгæ дæр не скодта, афтæмæй йæ райдыд- той расыг манмулитæ мæстæймарын. Уый фæдыл са- бырдзинад хъахъхъæныны совет дæтты ахæм бар- дзырд: «Адæпмæгтæ активон хайад кæй исынц хъæу- уон хæдзарад æмæ сæудæджерады рæзты, уый тых- хæй уынджы, куыстуаты кæнæ культурон уагдоны, 13. Къæбысты 3. 193
магазинты адæймаджы æнæхъуаджы чн бафхæра, уыцы маймули, — цы бынат ахсы, уымæ æнæкæсгæ- йæ, ахæстоны фæбаддзæн дыууын фондз боны», Заза йæ фæскъæбут ныхта ацы уац кæсгæйæ æмæ йæ мидбылты худт. III. Заза йæ фыццаг мыздæй балхæдта хъуымац. Инс- титуты лабораторииы кусæг ’астæуккаг кары шимпан- зе кæмдæр раппæлыд йæхицæй, зæгъгæ, цыхуызæн фæнды уæлæдарæс бахуыйын дæр мæ бон у. Иугæр аф- тæ, уæд ма йæ бинонты хуыйæн фабрикæмæ цæмæн кæпы? Хуыйæггаг цы иса, уый йын аппар æмæ гъæй кæнæд. Уыцы егъау тыхтон стъолыл куы ’рывæрдта, уæд æм фæйнæрдыгæй бакæс-бакæс кодтой Генриеттæи- тæ, фæлæ йæм ничи февнæлдта. Заза йæ папкæ æмæ йæ пиджак шкафы куы сæвæрдта, уæд райхæлдта хъуымац. — Кæсут-ма, кæсут, — дзуры йæ мидбылты худгæ- йæ. — Уе цыппарæн дæр хъуамæ бахуыйын кæнон амæй дзаумæттæ. — Мæнæн дæр? — йæхи йæм баппæрста Гертруд. Цæмæндæр йæхи æцæгæлоны хуызы æнкъардта Герт- руд ацы хъæлдзæг бинонты ’хсæн æмæ йын уый тых- хæй тынг тæригъæд кодта Заза. Алы изæр дæр-иу æй акодта бинаг залмæ. Иæмад æмæ-иу ыл йæ фыд æм- бисонды цин фæкодтой. Иæхæдæг дæр-иу сæ дæллаг- хъуырты тыхст æрмахуыр гæдыйау. Пъатæ-иу’сын кодта. Æппæлыд-иу сын, чиныджы кæсын æмæ фыс- сын кæй базыдта, уый тыххæй. Уыдон кæд кæсын æмæ фыссыны пайдайæн ницы хатыдтой, уæддæр-иу ыл бацин кодтой. 194
Заза Базелы амарды фæстæ ныффыста минист- радмæ, зæгъгæ, Базелы сæрмагонд лабораторийы цы адæм ис, уыдон иу цасдæр бæрцæй райдыдтой ныхас æмбарын. Мæгуырау нæ уаид уыдоны хъæууон хæ- дзарадон куыстыты спайда кæнын. Æрмæст Базелы хæдзаргæрон цы егъау быдыр ис, уый куы кусой, уæддæр хорз пайда хæсиккой паддзахадæн.—Йæ фыстæджы кæрон ма бафыста, зæгъгæ, æз Къозойы кусæнуаты уæвгæйæ бирæ кастæн дыргъкуысты фæ- дыл фыст литературæ. Кæд мын бар радтай, уæд уы- цы быдыры иууылдæр сараздзынæн уæлдæр сорт дыргъты дыргъдон. Ныккалдзынæн дзы сæнæф- сир». — Ныр æнхъæлмæ каст дзуапмæ. Уыцы хъуыд- даг йæ зæрдæйы тьшгдæр æрæфтыд, студентты прак- тпкæйы кæныны æфсон заводтыл куы зылд, уæд. Ахæм заводмæ нæма бацыд æмæ - кусджытæ кæнæ æнæхъæнæй, кæнæ та иуцалдæр маймулийæ фæстæ- мæ адæймæгтæ кæм не сты. Уыдонимæ ныхасгæн- гæйæ Заза бамбæрста, куыст сын сæ зонынад, се ’мбарынад тынг кæй аразмæ кодта, уый. Ныр ацы адæм дæр быдырмæ куы рацæуиккой, куы кусиккой дыргъдæтты, цъæх халсæртты хуымты, уæд сæ зонд- ахаст бирæ тагъддæр рæзид. Заза тынг хорз зонгæ у Мичурины диссаджы куыс- тытимæ. Кæд йæ фыстæгæн æвæрццаг дзуапп райса, уæд хъуамæ уалдзæджы райдайа кусын дыргъы гъæд фæхуыздæр кæныныл. Иннæмæп та йæ ахуыргæни- нæгтæ фæфылдæр уыдаиккой. Ныр Заза бакуыста Артур æмæ Гертрудæн сæрмагонд программæ. Уымæ гæсгæ сæ ахуыр кодта. Алы бон дæр-иу институтæй куы ’рбацыд, уæд-иу сын ауагъта, куыд æмбæлы„ ахæм фæткыл цыппар, фæндзгай уроктæ. Лæвæрдта сын ахуыр кæнынмæ уроктæ, фыссинæгтæ. Заза йæхæдæг дзаумæттæ куы скодта, кусын куы 195
райдыдта, уæд æм афтæ кæсын байдыдта, цыма йæ царды ницы ивындзинад æрцыд, цыма цæры зæххыл æмæ кусы раздæрау. Уыцы хъуыдытимæ та йæм тынг зын каст йæ хæдзары бæгънæг адæймæгтæм кæсын. Уæлдайдæр та йын бынтон æцæгæлон чи уыд, уыцы Меримæ бакæсын йæ цæсгом нал хъæцыд. Ныр йæ фыццаг мыздæй хъуымац дæр уымæн балхæдта. Заза йæ риумæ æрбалхъывта Гертруды. Фæтæри: гъæд ын кодта сыгъдæг зæрдæ адæймаг бынтон си- дзæр, æнæхнцауæн куыд фæтæригъæд кæны, афтæ. — Æппæты фыццаг дæуæн бахуыйын кæндзынæн дзаума, Гертруд. Ды уыдзынæ дунейы мидæг иууыл рæсугъддæр. — Артурæн дæр уыдзæн мæ хуызæн дзаумæттæ? — йæхицæй йæ ныфс куы бацыд, уæд та Артуры мæт райдыдта. — Уымæн уыдзæн, мæнæ мæныл цы дзаумæттæ пс, уьш хуызæн. , — Мæн фæнды, цæмæй æз æмæ Гертрудæн æм- хуызон уой нæ дзаумæттæ, — йæ ныхас баппæрста Артур. — Æдылы! — йæ сæр ын æрлæгъз кодта Заза.— Æмæ стæй цы бæрæг уыдзæн чызг дæ, æви лæппу? — бахудт. Кæдмæ базар кодтаиккой, цæмæйзон, карцкæр- дæг мапмули къæсæрыл куынæ ’рбалæууыдаид, уæд. — Стæ-ма, дæ чындздзонты дып фенон, Заза,— дуарæй æрбадзырдта. — Дæ бон у, — дуар уæрæх æрбайтыгъта Заза ■æмæ ма йæ дзырдмæ бафтыдта. — Маймулиты хуы- зæн не сты, фæлæ уæддæр дæ зæрдæмæ чи зоны фæ- цæуой. Гертрудптæ иу къуымы бабукъ сты. Маймулиты 196
тас сæ туджы афтæ ныффидар æмæ алы ног майму- лийы дæр уыдтой ног фыдбцлызтæ. — Адоныл дзаумæттæ куы скæнай, уæд Зиптуны тынтæ сæ цуры тарытæ кæндзысты. Уæлдайдæр та, æппæлынмæ мын æй ма айс, фæлæ мæ къухæй хуыд никæимæ хæццæ кæны. Бахуыйдзынæн сын æппæты фæстаг модæйыл, — æппæлыд хуыйæг маймули. «Хæйрæджы зæвæт, кæд дæ фæстаг модæйыл æхца хъæуы»,— йæхинымæры бахудт Заза, стæй загъта: — 'Æз модæтæн бирæ ницы æмбарын. Бахуый, стæй цы ’мбæла хуыйæггаг, уый мæныл уæд. — Кæрдгæ, куыд мын загътай, афтæ сæ ам скæн- дзынæн. — Иæ къухы цы тыхтон уыд, уый стъолыл æрæвæрдта. Уыдис дзы хæсгард, барæн æмæ хуыйæ- джы æндæр мигæнæнтæ. — Кæмæй уал райдайæм? — Æз раздæр Гертрудæн баныфс æвæрдтон, — загъта Заза æмæ пæм йæ къух фæтылдта. — Рацу, мæ рæсугъд чызг. Уый цæугæ нæ, фæлæ устыты фæс- тæ абырыд. Йе 'уæнгтæ ихæн рызт скодтой. — Ма тæрс, мæ хур. Æз æвзæр маймулитæй нæ дæн. Æз дын ,ахæм къаба бахуыйдзынæн æмæ дæм суанг маймулиты рæсугъд чызджытæ дæр хæлæг куыд кæной, — рæвдаугæ йæм дзуры хуыйæг, фæлæ уый иоджы арфдæр быры къуымы. — Уæдæ уал мæнæн скæрдæд, — размæ ралæууыд Артур, уымæи дæр йæ цæстæнгасыл зыпы тас, фæлæ уæддæр йæхи нал басаста. Хъавгæ-хъавгæ хæстæг æрбацыд маймулимæ. Уый хъуымац райхæлдта. Æр- барста йыл æй. Скарста йын дзы хæлаф æмæ хæдон. Уæд иннæтæ дæр фæныфсджын сты æмæ йæм рады- гай цыдысты. Маймули куы ацыд, уæд Артур æмæ Гертруд 197
алыгъдысты бннаг залмæ, тагъд сын дзаумæттæ кæй уыдзæн, уый Гертруды мад æмæ фыдæн æппæлыны тыххæп. Уыдон исдуг нембæрстой, дзаума циу, уый, фæлæ сын куы загътой, зæгъгæ, Зазайыл цы хуызæн пысултæ вæййы, уый хуызæттæ, уæд æй базыдтой æмæ сын æхсызгон уыд. Урæдтой ма сæ уым, фæлæ нæ ныллæууыдысты. — Махæн ныртæккæ уроктæ уыдзæн. — Загъта Гертруд æмæ рацæй лыгъдысты, фæлæ къуымы, раз- дæр-иу кæимæ хъазыдысты, уыцы сывæллæтты куы ауыдтой, уæд сæм бауадысты.. Уыдон афтæ зæрдиа- гæй хъазыдысты къуырццытæй æмæ сæ æрæджиауы онг зонгæ дæр нæ бакодтой. Артур сæм иудзæвгар фæкаст, стæй йын цыдæр дзæбæх хъуыды йæ зæрдæ фæцагайдта. «Цымæ Зазайæн куы зæгъин, уæд сæ уроктæм нæ уадзид?» — ахъуыды кодта æмæ Гертру- ды цонгыл фæхæцыд. Йæ хъуыды Зазайæн ног нæ уыд. Уый рагæй фæнд кодта, фæлæ уал æнхъæлмæ кæсы, йæ бæрзонддзинадæй цы дзуапп райсдзæн, уы- мæ. Артурæн та загъта, зæгъгæ уал чысыл банхъæл- мæ кæсæм. Бафæдзæхста йын, цæмæй сæм алыбон дæр цæуой Гертрудимæ. Цы ахуыр кæнынц, уыдон сын дзурой, кæсой сын чингуытæ. IV. Иу мæй. Иу мæй афтæ зæрдиагæй исты хъуыддаг- мæ æнхъæлмæ кæс, уый æнцон нæу, фæлæ Заза йæ зæрдыл дардта ахæм æмбисонд: тагъд дон фурды не ’ййафы, зæгъгæ æмæ быхста. Алыгъуызон сагъæстæ йæ сæры магъзы тылдысты уæрдоны цалхау. Чи йын дзы йæ ныфс фидар кодта, чи та сæтгæ. Уæлдайдæр афæстаг рæстæджы цы цаутæ хъуысы хæстæй, уыдон ын бынтон ныссуйтæ кодтой йæ хъуыдытæ. 198
Цаутæ та гæзæмæты не ’рцыд. Ныртæккæ ма Си- беры цы нæл маймулитæ’ баззад хæстхъомæй, уыдон адæймаг йæ къухы æнгуылдзтыл банымаид. Базза- дысты ма æрмæст хæстон дынджыр заводты дирек- тортæ. Уыдонæй дæр зынгæ инженертæ чи ис, иннæ- ты хæстмæ афардæг кодтой. Æмæ ма уый дæр цы фæнды фæуæд, фæлæ сæ институты цы ’рцыд, уый у стыр диссаг: Иу бон институты дуармæ æрбалæууыд цалдæр уæзласæн машинæйы. Иуы кабинкæйæ дзы рахызт фидæрттæ конд нæл орангутанг инæлары па- гæтты. Комкоммæ фæраст институты хатæнмæ. Заза лекцийыл уыд. Фæрссагæй йæ ауыдта. Ницы йын зыд- та, чи у æмæ цæмæ ’рбацыд, уымæн. Уалынмæ чидæр дуар æрбахоста. Заза йæм ракаст. Ныффæлурс, аф- тæмæй къæсæргæрон лæууыд Барбис. — Æфсæддон сæйраг командакæнынадæй нæм æр- бацыд минæвар. Фæнды йæ митинг ауадзын... — Æмæ лекцийы фæудмæ нæ фæлæудзæн? — йæ дзырд ын фескъуыдта. — Тынг ахсджиаг хъуыддаг дам у æмæ тагъд кæ- ны. Актон залмæ ракæн студентты. Зазайы бацыдмæ залы къух бакæнæн нал уыд маймулитæй. Разæй сценæйыл бадтысты инæлар, фондз сыл маймулийы урс халатты, Барбис æмæ ма лектортæй чидæртæ. Митинг цыбыр разныхасимæ байгом кодта Бар- блс. Уый фæстæ ныхасы бар радта инæларæн. Уый сыстад. Йæ ронбасты дзæмбыты хистæр æнгуылдзтæ фæсагъта. Хæдоны ссывтыты чъылдымырдæм ассыд- та. Микрофоны фæччыгъæдæн иу-дыууæ хуыфты нык- кодта, стæй райдыдта дзурын. Уый дзырдта, зæгъгæ нæ бæстæ бахауД’ тынг зын уавæры. Не ’фсад хæсты сафынц тынг бирæ удæгас тых æмæ техникæ. Нырмæ уавæр хуыздæр уыд. Алыбон дæр хæстонты рæнхъы- 199
тæ æххæстгонд цыдысты ног маймулитæй. Ныр уый дæр нал ис... — Кæрон скæнынмæ нæма хъавынц уыцы фыдбо- ны хæстæн?—залæй чидæр дзырд баппæрста. — Хæстæн кæрон скæнын, мæ хур, иу касы къус кæронмæ бахæрынау æнцон куы уаид, уæд ма йæм дæумæ кæм кастаиккам. — Тызмæгæй загъта инæлар орангутанг æмæ ма пæ ныхасмæ бафтыдта: — Мах цалдæр хатты барвыстам Бамбиры хица- уадмæ минæвæрттæ. Куырдтам дзы, цæмæй бафида- уыныл сразы уой. Мах, æгæрстæмæй, разы уыдыс- тæм не ’фсад æмæ æфсæддон техникæйы Бамбирæй бынтондæр ракæньш, æмæ сæ бынтондæр кæй никуы- уал хъыг дардзыстæм, уый тыххæй бадзырдыл къух æрфыссыныл, фæлæ нæ разы кæнынц. Уыдон фæнд у Æнгæсы бæстæ æнæхъæнæй сæ дæлбар бакæнын. Æмæ’ афтæ куы ахæсса, уæд сын æнтысгæ дæр ба- кæндзæн. Тынг сфæлахс сты махæн не ’фсады рæн- хъытæ. Цæмæй уый ма уа, уый тыххæн уæм æз сидын; Йæ райгуырæн бæстæ зынаргъ кæмæн у, Бамбиры, стæн нæхицæй чи фæлыгъд, уыцы фыд-зонд горилла- ты дæлбар цæрæнбонтæм æфхæрдæй цæрын кæй нæ фæнды, уыдон райсæнт сæ къухтæм хæцæнгарз æмæ æрлæууæнт райгуырæн бæстæ хъахъхъæпджыты рæн- хъыты. — Сыл маймулиты нæ кæнут? — йæ бынатæй фес- тад иу ныллæг, фæтæнтæ конд сыл маймули. — Нæлтæ фаг куы уаид, уæд æнæхъуаджы йæ хо- йы, йæ мад, йæ бинойнаг, гъе йæ чызджы чи æрæвæр- дзæн нæмыджы ныхмæ. Стæй ма уын уый дæр зæгъон æмæ Бамбиры сыл гориллатæ бирæ æнæауæрдондæр- æй хæцынц нæ ныхмæ. Уæ зæрдыл дарут уый æмæ мах( цы фæнды уавæры дæр нæ маймулидзинад кæй нæ рох кæнæм. Мах тыхæй нæ акæндзыстæм сыл 200
маймулиты. Иæхи барæй кæй фæнды, уый та ныртæк- кæ йæхи ныффыссын кæнæд, уый фæстæ рацæудзыс- ты медицинон æркасты. Исты сахъатдзинад кæмæ разына, уыдоны раздахдзыстæм... ...Афтæмæй ма институты аззадысты къуылыхтæ, сохъуыртæ, рынчынтæ. Æцæг дзы ахæмтæ дæр æры- мбырд, цæмæй институт"æхгæд ма ’рцæуа, уый фаг, фæлæ дзы нал ис Зазайы зæрдæ. Барбис ма дзы уыд æцæг маймулиты хуызæн æмæ уый дæр акодтой. Иæ бынаты рæстæгмæ ныууагъта Зазайы. Æз дам бацæудзынæн йæ бæрзонддзинадмæ. Кæд сразы уа, уæд дæ бардзырдæй сфндар кæндзысты ме ’рцыдмæ. Заза йын нæ разы кодта уыцы хъуыддагыл, фæлæ ’йæм Барбис хъусгæ дæр нал бакодта. Гъе, æмæ ныр иу къуырийы бæрц æнæбары æх- хæст кæны директоры хæстæ, фæлæ йæ бæрзопддзи- кадæй ницыма бæрæг ис. Уыцы бон институты æгæр афæстиат. Цыдæр ног программæтæ сæм æрбарвыстой рухсады министра- дæй æмæ уыдонимæ зонгæ кодта лекторты. Куы ’рба- цыд, уæд Артуриты æрбанйæфта стъолы фарсмæ бад- гæйæ. Семæ ма уыд ноджы фондз æндæр сывæллоны. Уыдон Зазайы куы ауыдтой, уæд фæтарстысты. Хъуа- мæ алыгъдаиккой, фæлæ Артур сæ разы æрлæууыд. — Уæхæдæг мын нæ дзырдтат, махæн дæр, дам, куькбацамонид кæсын æмæ фыссын? — мæстыгъуы- зæй сьш дзырдта. — Сбадут, — рæвдаугæ сæм сдзырдта Заза.—Æз уын æрбахастон ног аргъæутты чиныг. Артур, хæц æмæ сын кæс. Æз чысыл аулæфон. Ацы ныхæстæ куы кодта Заза сывæллæттимæ, уæд тыргъæй кæйдæр къæхты хъæр æрбайхъуыст. Акаст æм Заза. Асины сæр лæууыд иу зæронд къæдз нæл шимпанзе. Йæ фарсыл постхæссæджы егъау хызын. 201
Цыдæртæ дзы змæста. Заза бадис кодта, кæцæй йæм цы æрвитæккаг уыдзæн, зæгъгæ. Уæдмæ постхæссæг систа иу цъæх конверт. Йæ кæсæнцæстыты бынты ма йæм иу каст æркодта, стæй йæ Зазамæ авæрдта, йæхæ- дæг асинтыл рог æруад. Уынджы лæууыд йæ велоси- пед. Абадт ыл. Иу каст ма хæрдмæ фæкодта. Саламы охыл йæ хъæмпын, зæронд худ фелвæста. Фæстæ- мæ йæ æркодта æмæ афардæг. Заза æркаст конверт- мæ. Министрады мыхуыр ыл куы ауыдта, уæд базыдта, йæ фыстæгæн дзуапп кæй æрцыд, уый. Уай- тагъд æй айхæлдта. Кæсы. «Цытджын ректор!.. — О, гъо,— бахудт Заза «иу- гæр афтæ райдыдта, уæд дзы цыдæр ис». Ахъуыды кодта æмæ райдыдта кæсын дарддæр. — Ныххатыр кæн дæ фыстæгæн дын дзуапп æгæр æрæгмæ кæй радтон, уый тыххæй. Ныртæккæ мын дæуимæ цæстæй цæстмæ дзурын æнцондæр æмæ æх- сызгондæр уаид, фæлæ уый фадат нæдæр дæуæн ис, нæдæр мæнæп. Зонын æй, дæ ног куысты дыл цы стыр уæз ис, уый, фæлæ йæ кæй сфæраздзынæ, уымæй мæ ныфс ис. Мах маймулиты мыггаг куыстуарзаг æмæ фæразон кæй сты, ахæм зонд дæр нын уымæн бахæ- лар кодта æрдз. Дæ фыстæгæн дын дзуапп æрæгмæ кæй лæвæрд- той, уый сæйраджы дæр, комкоммæ дын куы зæгъон, уæд мæхи аххос у, канд дæр та зонады алы къабаз- тæм кæй нæ тырныдтон, уый фæстиуæг- Ныртæккæ нæ бæстæйы цы уæззау уавæр ис, уый хорз æмбарыс дæхæдæг. Ахæм уавæры та тынг зын у сæйраг хъуыд- даг ныууадзын рохуаты æмæ æндæр фарстытыл ку- сын. Æз та æппæтуыдæтты мæхицæн ныббарстон æмæ ныр æнæхъæн мæй ахуыр кæнын маймулиты рав- зæрд æмæ сæ царды рæзты истори. Мæ бон нæу æмæ мæхицæн бауырнын кæнон, ды сыгъдæг адæймæгтæй 202
кæй дæ, уый. Æнгæсы адæймаг цыхуызæн фæнды уа- вæры ма схъомыл уа, уæддæр ын уыйбæрц бæрзонд схизæн нæй зонады къæпхæнтæм. Уæлдайдæр та, ды дæ рæзыны уавæры куы .уыдтæ, уæд нырма адæм уыдысты фосæй къумыхдæр зонды хицау. Цыбыртæй зæгъгæйæ мæм афтæ кæсы æмæ ды кæнæ мады, кæнæ фыдырдыгæй кæй ’дæ маймулиты тугæй. Тугты ахæм схæццæдзинадæн уæвæн ис æви нæ, уыцы фарстæн æз агуырдтон дзуапп зонадон литературæйы. Раст зæгъын хъæуы, ницы ссардтон ахæмæй, фæлæ мæн фидарæп уырны, уый афтæ кæй уыдзæн. Уымæн æв- дисæн у де стыр зонд. Ахæм хъуыды ис Барбисмæ дæр. Хæстмæ цæуыны агъонмæ мæм æрбауад æмæ мын комкоммæ загъта, зæгъгæ институты ме ’рыздæ- хынмæ кæнæ æхгæнгæ скæн, кæнæ йын ректорæй ба- уром Зазайы. Æз дæр æмæ рухсады .министрад дæр йæ ацы хъуыдыимæ разы стæм. Уый тыххæй рæхджы уыдзæн бардзырд. Ныр та, дæхæдæг цы фарсты фæдыл дзурыс, уый тыххæй. Ды зæххы куыстыл афтæ зæрдиагæй кæйтых- сыс æмæ Базелы сæрмагонд лабораторийы цы адæм ис, уыдон куыстыл, пайдайы хъуыддагыл фæцалх кæнынмæ кæй тырныс, уымæй дæр бæрæг у, дæумæ маймулиты тугæй æппын къаддæр æрдæгæй бирæ фылдæр кæй ис. Кæд уыд æмæ Æнгæсы адæймаг куыстмæ тырныдта? Уый нæ зоны цæрæгойты рав- зæрды истори, æндæра адæймæгтæ афтæ æгуыдзæ- гæй чи зоны нæ баззадаиккой. Уæдæ ам дæр мæ бон у фидарæй æууæндын, ды нæхицæй кæй дæ, ууыл. Уымæ гæсгæ бынæттон советмæ арвыстон ахæм бар- дзырд: Мæнæ дын йæ къопи: «Кæд зонадон æгъдауæй бæрæггонд нæма æрцыд, уæддæр йæ ахастытæм гæсгæ Заза у маймулитæй равзæргæ. Уымæ гæсгæ йын хъуамæ уа маймулитимæ 203
нугъуызон бартæ. Æз ын йæ бæрны кæнын Базелы хæдзар æд зæххытæ, æд адæм. Уадз æмæ сæ пайда кæна зæххы куысты, уый тыххæй бардзырд дæттын. цæмæй йын йæ алы пайдайон куырдиат дæр æххæст кæнат». Æз æнхъæл дæн, нырма дæр уыцы адæм хицæн клеткæты сты. Ницы пайда у. Ацы бонты уы- цы агъуыстæй рахæсдзысты, цыдæриддæр дзы меди- цинæйы фæдыл ис, уыдон. Ссæрибар уыдзысты хатæн- тæ иууыл дæр. Уадз цæрæнт (дæ цæстæнгасмæгæсгæ) куыд арæхсынц, афтæ хицæн хатæнты. Хæринаг та уал хæрдзысты нырмæйы уавæры. Цæй ууыл уал ахицæн кæнæм нæ ныхас. Кæд дæ исты хъæуа мæнæй, уæд-иу мæм ныффысс. Гæнæн ды’н куы уа, уæд та-иу дæхæдæг æрбауай. Ныр дæм ацы галуаны æцæгæлоны цæстæй ничиуал кæсдзæн, пууыл дæр æй зонынц дæумæ маймулиты тугæй кæй ис...» — Уып дын гъе! — фыстæг каст куы фæцис, уæд хъæрæй ныххудт Заза.—Маймулн мæ куыд ацарæз- тон! V. Заза куыстæп куы ’рбацыд, уæд ын Артур рахабар кодта, зæгъгæ дæ абон агуырдæуыд. — Æмæ, дам, нæ цы хъæуы? — Нæ хатыдта, кæй цæмæн бахъуыд, уый. — Æрбауайдзы’стæм та, дам, загътой, — нæвдæ- - лопгъуызæй батагъд кодта Артур Зазайы фарстытæй йæхи ссæрибар кæныныл. Ныр Зазайæ уымæн къад- дæркуыст нæ уыд. Фынддæс сывæллонæн Заза ахуыр- кæнынмæ цы лæвæрдта, уыдон хъуамæ бæрæг код- таид. Чи тыхст, уымæн хъуамæ æххуыс кодтаид, 204
Заза’ма Базелы операцион хатæнæй цы стъол æр- бахаста, уый -нннæ хатæны сæвæрдтой. Дыууæ дп- хæй-иу сæ сбадын кодта. Иутæ фысгæ куы кодтой, уæд иннæтæ та кодтой кæсгæ. Артур уыцы куыст æх- хæстгæнгæйæ цыдæр хъуыддаггъуызæй зылд сæ алы- варс. Чысыл-иу исчи куы схъæлæба кодта, уæд ын ахæм хуызы уайдзæф кодта, цыма æцæг ахуыргæнæг у. Уыдон дæр дзы æфсæрмы кодтой. Уæлдайдæр та дзаумæттæ куы скодта, уæдæй фæстæмæ. Артур æгæр бирæ бадын кодта сывæллæтты, æмæ фæстагмæ тыхсын байдыдтой. Кæд тарстысты Арту- рæй дæр, стæп Зазайæ, уæддæр-иу уыцы æнæнцой хæлбурцъ байдыдтой. Артур иу изæр Зазайæн ра- хъаст кодта уыцы хабар. Профессорæн цы базонын хъуыд хъуыддаг. Йæ уæхск ын æрхоста æмæ загъта рæвдаугæ хъæлæсæй. — Дæхæдæг ма иу хатт бафæлвар, уыдон куыд ба- дой, афтæ бадын æмæ уыдон цы аразой, уый аразын. — Æмæ æз уыдонимæ нæ вæййын? — не ’мбэсрсга Артур, цæмæн афтæ зæгъы Заза, уый. — Дæу куы фæнды, уæд сыстыс. Арацу-бацу кæ- ныс. Де уæнгтæ айтынг кæныс. Уыдон та æдзух бадгæ кæнынц’. — Уæдæ сын куыд бакæнон? — Гъе уый ахъуыдыйаг у. Балхæнын нæ хъæуы стъолы сахат. Уымæ гæсгæ кусдзынæ. — Ныфсæвæ- рæгау ын бакодта Заза. Артур зоыьт, сахат цну, уый. Заза йæхицæн цонджы сахат куы балхæдта, уæд ын æй бацамыдта. Фæлæ сахатмæ гæсгæ куыд кусæн ис, уымæн ницы хаты. Дыккаг бон Заза æрбахаста къу- лы сахат. (Стъолтæ сын кусынæн дæр нæ фаг кæ- нынц, æмæ - ма дзы сахат та кæм æрæвæрдзысты, зæгъгæ). Артуры сбадын кодта йæ фарсмæ. Баца- мыдта йын урок цас хъуамæ уа, улæфгæ цас хъуамæ 205
кæной, стæй нууыл иу предметыл нæ, фæлæ ахуыры сахатты хицæн æмæ хицæн предметтыл куыд кусой. Æгæрстæмæй йын физкультурæйы фæлтæрæнтæ дæр бацамыдта. Генриеттæ æмæ Мери кæсын, стæй фыссын гæзæ- мæ куы базыдтой, уæд уый сæхицæн фагыл банымад- той. Тынг зын сæм фæкаст пуран бадын æмæ алы- гъуызон предметтæ ахуыр кæнын. Цæмæй рæстæг дзæгъæлы ма сæфтаиккой, уый тыххæй сæ Заза баф- тыдта Базелы хуымтæн сæ дур уидзыныл. (Кусæджы фыдæй йын иууылдæр зæрæстон баззадысты). Ацы куыст сæм æнцондæр фæкаст. Æцæг-иу уайтагъд афæлладысты, фæлæ-иу куы баулæфыдысты, уæд-иу сæхи диссаджы уæнгрог банкъардтой. ...Изæры та, Зазайы чи агуырдта, уыдоп æрбацыды- сты. Сæхи куыд рахудтой, афтæмæй уыдысты быыæт- тон советы сæрдар æмæ йæ хæдивæг, ацæргæ иукъа- хыг орангутанг. Дыккаг уыд æвæджиау дынджыр сæрджын æмæ, хæрæгау, хъусджын шимпанзе. Бынæт- юн советы куыста фыссæгæй. Æнæуи дæр ыл зынд, сæрдары фæстæцуанон куыдзы уад кæй кодта йæ зæ- ронд гæххæттын папкæимæ, уымæй. Заза сын тыргъ- мæ бандæттæ рахаста. — Бирæ бадынмæ нæ не ’вдæлы, — æнæ фæрсгæ- йæ дзурынмæ фæцис иукъахыг маймули.—Æрбауа- дыстæм йæ бæрзонддзииад министрады хистæры бар- дзырдмæ гæсгæ. Дæхæдæг зоныс, ацыхæдзарыхицау кæй фæзиан,уый. Ныр ын хицау нал ис. Аф’тæмæйта, мах æгъдаумæ гæсгæ, хъуамæ искæуыл фыст уа. Мах æй радтынмæ хъавыдыстæм искæцы организацийæн, фæлæ уæдмæ райстам бардзырд, уымæ гæсгæ хæдзар æд зæххытæ, æд адæм хъуамæ фыст æрцæуа дæ- уыл. Разы дæ? — йæ цыргъ хæмхудтæ йæм базылдта. — Дæн, — загъта Заза, стæй ма йæ ныхасмæ баф- 206
тыдта. — Æрмæст дзырдæй. Ацы хæдзарæй мæн бирæ шщы’хъæуы. Æз кусдзынæн, кусын кæндзынæн адæмы дæр. Сæ пайда цæудзæн хицауадмæ. Уымæ гæсгæ сын хъуамæ хæлц дæттат. Стæй зымæг дæр дард нал у. Фыццаджы дæр сын самал хъæуы хуыссæн æмæ уæлæдарæс. Нырмæйау сæрдæй зымæгæй клеткæты нæ баддзысты. Кусгæ та зымæг æнæдзаума ничи бакæндзæн. #; — Фенæм уал, кусынмæ куыд арæхсдзыстут, уый. — Йæ тъæпæн сæр дызæрдыджы тылд бакодта сæрдар. — Кусыны тыххæй дæр дын зæгъдзынæн. — Фæ- рæвдз Заза.—Хъæуы уал нæ иу хуымгæнæн трактор æмæ иу уæзласæн машинæ. Хъуамæ ныридæгæн æрæв- налæм зæхх кусынмæ. — Уыдзæн. Алцы дæр уыдзæн, — загъта сæрдар æмæ йæ къуылых фыссæгмæ баздæхт. — Орагутанг Базелы бæсты ныффысс... Куыд дæ ныффыссæм? — Афарста Зазайы. — Фысс, æз дæн Заза. — 0, фæлæ цы дæ? Орангутанг, горилла æви шим- панзе? — Уыдонæй иу дæр нæ дæн. Ныффысс: Адæймаг. Заза. —Фæлæу-ма, фæлæу, — ныхъуыды кодта сæрдар.— Адон докуметтæ сты. Хъуамæ архивы баззайой. Искуы уæдта нæ фæстагæттæй искæй сæ фенын æрфæндыд, уæд цы зæгъдзæн? Цы зæгъдзæн, куы бакæса,зæгъгæ, кæддæр нæ фыдæлтæ адæймагыл сфидар кодтой аст æмæ ссæдз фатерон æртæ уæладзыджы хæдзар, дыу- уиссæдз гектары хуымгæнд, уыгæрдæны зæххытæ, ссæдз гектары хъæд æмæ æндæр хъæзныгдзинæдтæ, уæд? — Кæд уæ фæстагæттæн уый зæгъыны фадат фæ- 20.7
уа искуы, уæд зæгъæнт, сæ зæрдыл цы æрыфта, уый. Уыдон тыххæй мах нæхи нæ тыхсын кæндзыстæм, — фидарæп загъта Заза. — Цы бакæнæм? — Йæ фыссæгмæ фæрсæджы каст бакодта. — Мæнмæ гæсгæ йæ бынтон ног чиныджы бахæс- сып хъæуы, — йæхи бапкъуыстытæ кодта фыссæг. — Уый дæр ныхасæн бæззы, — сразы Заза. — Цæ- мæи хъæуы адæмы маймулитимæ хæццæ кæпып? — Сæрдары зæрдæмæ дæр фæцыд ацы фæнд... Æмæ фыццаг хатт... Æнгæсы стырдæр уагдæттæй иуы фæзынд, исбон кæмæн уыд, ахæм адæймаджы ном. Уый уыд Заза. Кæнæ та фыст куыд уыд ног чипыджы, афтæмæй «Адæймаг Заза.» VI. Зазайæн иучысыл йæ авналæитæ йæ къухы куы бафтыдысты, уæд йе уæнгтæ базмæлыдысты уалдзы- гон мæрау. Иууыл кусгæ, архайгæ куы кæпид, уып йæ фæпдыд. Æмæ кæд фæрæты алы æрцæфæп дæр уыцы дæрзæг хъæдыл йе ’рмттæ тæппæлттæ кодтой, уæддæр ын æгæрон циндзинад хаста, хæринаггæнæгæн-иу стæм хатт сугтæ кæй æрсаста, уый. Базелы зæххы фадыджы кой куы фехъуыста, уæд йæ зæрдыл æрлæууыд, зæххыл цæргæйæ, Мичурины фæлтæрддзинад куыд зæрдиагæй ахуыр кодта, уып. Æмæ пын фадат куы фæцис, уæд æппындæр фæстиат пал фæкодта. Уыдис фæззыгоп рапдзаст рансом. Зиптуны тынтæ кæд иттæг тынг нал æндæвтой, уæддæр сæ уд хъард- той, сæ фæстаг тыхтæ ма царддæттæг æрдз бахъарм кæныныл. 208
Заза хæринаггæнæджы афарста, Базелы дыргы- донмæ бахизæн кæуылты ис, уымæй. Шимпайзе йæм, æххормаг зæронд куыдзау, уыцы зивæггæнæджы каст бакодта зулмæ æмæ сдзырдта: — Ай мæнæ дунейыл арт æфты, ды та ма дыргъ- дæттæ, йедты кой кæпыс? — Адæймаг йæ сыд къухтæ зæрдæйы фæндиаг кæ- мæ батава, ахæм арт хорз у, мæ хæлар Байри, — цы- дæр хъæлдзæг зæрдæйы уагыл уыд Заза. — Ницы дын æмбарын, — йæ дзæмбы ауыгъта май- мули æмæ фæцæйцыд, фæлæ йæ Заза фæурæдта. — Фæлæу-ма, æз дæ фæрсгæ куы кæнын. — Цæй дыргъдон ма дзы ис? Æнæхъæн Æнгæсыл нууыл хуыздæр дыргътæ уым зад, фæлæ ныр схæмпæл æмæ схъæд ис. Кæй ма æидавы уымæ зилын? Бахизæн .æм уæртæ кæртыл уыд, цалыымæ мæнæ ацы сырдтæ сæ уагыл уыдысты, уæдмæ. Уый фæстæ дзы бру самад- той æмæ дыргъдонмæ цыдысты далæ æндæр рæтты. Уым дæр ын кулдуар уыд. Ныр ын хицау нал ис, фæ- лæ дуæрттæ — бирæ. Æмæ ма йæ кæд ацафон майму- литы дыргъмондаг лæппынтæ æрцагурынц, уæд хорз, науæд бынтон рохуат æмæ æдзæллаг уавæры ис. — Æз æй хъуамæ бабæрæг кæнон. Нæй мын æндæр гæнæн. — Фидарæй загъта Заза. — Æмæ йæ бабæрæг кæн. Чи дæ пæ уадзы? Чизо- иы ма дзы исты ахæринаг дæр ссарай. Дыргъдон, æцæг, дуæрттæй цух нæ уыд. Кæддæры бæрзонд фæйнæгæй конд аив æмбонд кæм мидæмæ ба- фæлдæхт, кæм — æддæмæ. Ранæй рæтты ма хъен лæу- уыд. Дымгæйы чысыл уддзæф дæр-иу æй банкъуыста. Афтæ зынд, цыма, чердæм афæлдæха, ууыл хъуыды кæны. Заза куыддæр дыргъдонмæ бахызт, афтæ пæ хъус- тыл ауад цыдæр сæртæг сыбар-сыбур. Ахæм уынæрыл 14. Къæбысты 3. 1 209
ахуыр’нал уыд æмæ исдуг тæрсгæ дæр фæкодта, стæй бæстондæр ахъахъхъæдта, ацы хæмпæл æмæ къутæр- æй æхгæд хъæды, зæгъгæ, сырд мацы уæд. Уалынмæ йæ цæст схæцыд «сырдтыл». Бæлæстæй, сæрбихъуы- рæйттæгæнгæ, гæппытæ кодтой маймулиты лæппыптæ æмæ удаистæй лыгъдысты фæйнæрдæм. Заза йæ мид- былты бахудт: «Цæмæн мæ афтæ тынг тæрсынц, цы- мæ? Сырд мæ æнхъæлынц æмæ уымæн, æви адæймаг кæй дæн, уымæн? — Ахъуыды кодта, стæй йæ къух ауыгъта:—Хæйрæджыты хай фæуæнт иууылдæр». Дыргъдон уыд, æцæг, заууат уавæры. Чи базæроид, цалдæр ахæм бæласы ныффæлдæхтысты æмæ се ставд зæнгтæ хæмпæлæй зындысты æмбæхст франкты рæгъ- тау. Иннæтæ фесты цавæрдæр хилæг кæрдæджы бын æмæ бæлæстæ .уыдысты æви, цавæрдæр егъау сырды цæрмттæ тыд кæуыл уыд, ахæм къуылдымтæ, уый зын рахатæн сси. Заза сæм бæстондæр куы скаст, уæд дзы иуæй иутыл рахатыдта, уый размæ Байриты раз кæй федта, уыцы фæткъуыйы ’нгæс дыргътæ, цъус ставд- дæр фæткъуытæ, цалдæргъуызон кæрдотæ, сæнæфси- ры лыстæггага цупæлттæ. Зазамæ йæхи уавæрæн фæкастысты ацы дыргъбæ- лæстæ. Кæддæр, чизоны уыдон дæр, Зазайау, сæ цæнг- тæ парахатæй ивæзтаиккой зиптуны (уый хуры) тын- тæм. Сæ дыргъ нæртонæй лæвæрдтаиккой маймули- тæн, уый йæ зонынад адæмæн куыд лæвæрдта, афтæ. Ныр сæ дыууæ дæр (дыргъдон æмæ лæг) сты æмхуы- зон æдзæллаг уавæры. Лæгæн иыма, царды цыдæр æнæнхъæлæджы фæфæлдæхтытæй йæ уавæр хуыздæр- мæ цæуы. Иугæр куыстыл куы фæцалх уа, уæд та æп- пæт хъаруйæ скусын кæндзæн, маймулиты дзæмбы- ты бын чи нындзыг цалдæр æнусы дæргъы, уыцы зонд, уыцы æппæтварсон курдиат. Æидæр у дыргъдоны хъуыддаг. Йæ хицау нал ис, инпæ маймулитæй йæм 216
никæй æвдæлы. Æмæ ма сæ, зæгъгæ, искуы æрæвдæл- дзæн, уый дæр зын зæгъæн у. Ныр æм Заза куы нæ базила, йæхийау, рæвдыдмондагæй йæ хъиутæ чи хæ- ры, уыцы дыргъдоны куы нæ барæвдауа, уæд æрдзы раз баззайдзæн худинагæй. Зæрдæсастæй раздæхт Заза. Хæринаггæнæджы та бафарста, Базелмæ исты кусæнгæрзтæ уыдаид, зæгъ- гæ, æви нæ, уымæй. Байри та йæм йæ цайдагъ цæс- тæнгасæй бакаст. Йæ мукъутæ иуæрдæм >æнæбары зылд акодта æмæ загъта: (Базелы бынтæ Зазайыл фыст кæй æрцыдысты, уый нæма зыдта). — Ныр мæ æцæг уырнын байдыдта дунейы сæфт. Дзурын нæ, зарын куы зонай, уæддæр хъæддаг сырды халдих дæ æмæ дæ ныр Базелы хъæздыг æрмадзмæ куы бакæнин, дертты дын куы ныссадзин, иу дзæмбы- йæ иннæмæ райсынæн æвгъау кæмæн кодта, уыцы ми- гæиæнты, уæд куыд уаид, цымæ? — Бирæ ма дзур, фæлæ кæм ис уыцы æрмадз?—- зулмæ йæм бакаст Заза. — Базелы мæрдты æрмадз ннцæмæн хъæуы. — Æмæ æрмадзы чи куыста, уыцы маймулитæй ма исчи куы фæзына, уæд цы зæгъдзæн? — нæ сæтты шим- панзе. — Исчи ма дзы æрыздæхдзæн, зæгъгæ, ууыл æу- уæндыс? — йæ мидбылты хин худт бакодта Заза. — Дæ дзæгъ’æл дзæнгæдайæ мæ сфæлмæцыи код- тай, — фæцæуæг ис кæрты иу къуымы ’рдæм. Заза бамбæрста, уый хъуыддаджы тыххæй кæй цæуы, уый æмæ йæ фæдыл араст. Æрмадз æцæг цæстыахадгæ уыд,- фæлæ сыл згæ схæцыд. Бæрæг уыд маймулийы дзæмбы сæм рагæй кæй нал бавнæлдта. Æниу дзы Зазайы бирæ ницы хъуыд ныртæккæ. Хъæуы хырх æмæ дзæбæх цыргъ фæрæт. Цæвæг йæ хъуыдыйы нæма уыд, фæлæ иуран 211
уæлуваныл цыбыр хъæдджын цæвæг куы ауыдта, уæд æй райста. Æркаст æм. Уый дæр уыд, згæ тынг кæуыл схæцыд, ахæм, уæддæр рацæгъдгæйæ хæмпæлтæ ра- кæрдынæн сбæздзæн æмæ йæ райста. Ссардта фæрæг æмæ хырх дæр. Уыцы бон æнæхъæнæй бахъуыд сæ цыргъ кæныныл. Дыккаг бон райсомæй раджы сыстад. Генриеттæ- иты д^æр йемæ акодта. Дыргъдоны иу кæрон ракарста,, цæмæй уырдыгæй райдайа сыгъдæг кæнын. Не’ххуыс- гæнджытæн бамбарын кодта, цæмæй хæмпæлгæрдæ- джы тымбыл кæной иурæттæм. Уыдон исдуг уыцы зы- дфй февнæлдтой, фæлæ сындзытæ æмæ кæрддзыхтæ сæ цæнгты æмæ сæ къухты куы фæпыхстысты, уæд фæйнæрдыгæй се ’рдиаг ссыд. Ныр бамбæрста, афтæ- мæй кусæн кæй нæй, уый. Æрурæдта сæ, йæхæдæг ас- тæумæ хæмпæлгæрдæджы алæгæрста иу дынджыр фæлдæхт бæласмæ. Йæ цæнгтæй йын равзæрста рæхс- нæг саджил хъилтæ. Дзæбæх сæ слæгъз кодта æмæ сæм уыдон радта. Развæлгъау ма сын фенын кодта, уыдонæй карст кæрдæг куыд æмбырд кæнын хъæуы, уый. Ныр сæ куыст рæвдздæр цыд, фæлæ æвæлтæрдæй афæлладысты æмæ се онг æрæзгъæлд. Æниу Заза йæ- хæдæг хуыздæр уавæры нæ уыд. Иеонджы тых басаст цалдæр азы клеткæйы бадынæй æмæ ныр йæ бон рæст- мæ кусын нæ уыд, фæлæ йыл æппындæр нæ батыхст. Дыргъдон уадиссаг егъау дæр нæ уыд’. Сындæггай кусгæйæ йæхицæн, стæй йе ’мбæлттæн дæр сæ онг онгыл фæхæцдзæн, фæрæвдз уыдзысты æмæ йæ чы- сылгай ныссыгъдæг кæндзысты. Раст разыпд Заза. Фæззыгоп хъарм бонтæ бирæ ахастой. Дыргъдон фæцис сыгъдæггонд. Йе ’мбойдæй ^а цы баззад, уыдонæн ног цæджындзтæ ныссагъта æмæ сæ уыдонмæ сфидар кодта. Фæйнæджытæ кæм пал сфаг сты, уым уал рæстæгмæ сæвæрдта пыхсытæ,. 212
цæмæй фос ма хизой мидæмæ. Бæлæсты уæлдай къа- лиутæ бахсæста æмæ дыргъдоп рафидыдта ног чын- дзау. Генриеттæитæ йыл афтæ цин кодтой æмæ-иу сæ изæрыгон дæр уырдыгæй рацæуыи пал фæндыд. Уыцы фæззæг ма йын Барбисы фæрцы бантыст, трактор кæдæм рæхст, уыдон бахуым кæнып дæр, ип- нæ бынæтты та къахгæ скодта. Ныр зымæджы æнæрхъæцгæйæ æнхъæлмæ каст уалдзæджы æрцыдмæ. Цыдæр тауинæгтæ самал код- та. Хъуамæ ацы æнаккаг маймулитæн фенын кæпа йæ, арæхстдзинад. Сæйраджы дæр та йæ зæрды ис, Мичу- рины фæлтæрддзинадæй пайда кæнгæйæ, дыргъы ног мыггæгтæ ракæнын. Æмæ æрцыд уалдзæг. Æрцыд, Æнгæсыл цæргæйæ, Заза фыццаг хатт афтæ тынг кæмæ æнхъæлмæ каст æмæ йын æцæг циндзинад чи ’рхаста, уыцы уалдзæг. Ныр йе ’ххуысгæнджытæ дæр фæрæвдз сты куыстыл. Къæпитæ сæм радта. Бацамыдта сын, мæр куыд хырыз кæнын хъæуы, уый æмæ сæ бафтыдта куыстыл. /Зазд йæхæдæг æдзухдæр зылд бæлæстæм. Йæ зæр- дæ ма уæлдайæ кæмæ ’хсайдта, уыцы цæигты ралыг кодта, сæ бындзæфхæдты хырыз цъар сын æрхафта, чъырæй сæ сцагъта, Барбисы фæрцы æпдæр æмæ æн- дæр рæттæй цы дыргъы къалиутæ æрымбырд кодта, развæлгъау, æмæ йын нырмæ мæры ныгæд чи уыд, уы- дон дзуарса \кæнын райдыдта бæлæстыл. Ацы хъуыд- даг тынг диссаг каст Генриеттæитæм, фæлæ йæм уæл- дан тынгдæр та цымыдис кодта Артур. Æдзух лæууыд йæ.фарсмæ æмæ йæм лæмбыиæг каст, фарста йæ ал- цæмæй. Уый дæр ын зæрдиагæй амыдта, цы аразын хъæуы, уый. Сæрды дæргъы Заза йæ рæстæг æдзухдæр æрвыс- та дыргъдоны. Зылдис халсæрттæм, дыргъбæлæстæм æмæ йæ куыстæй йæ зæрдæ рухс кодта. Кæй ныдз- 213
дзуарса кодта, уыдонæй иу дæр нæ фæмæнг, иууыл- дæр схæцыдысты. Ног таутæ афтæ тагъд рæзтысты æмæ адæймаджы дисыл æфтыдтой. Маймулитæй би- рæтæ уынæг цыдысты Зазайы дыргъдонмæ. Сæ сæртæ- иу тылдтой æмæ дзырдтой дисгъуызæй. — Райгас мард дыргъдон. Райгас, æмæ уымæй .дæр, цы уыд, ахæмæй нал, фæлæ бынтон ног хуызы. Ацы ныхæстæм хъусын æхсызгон уыд Зазайæн æмæ-иу йæхинымæры хъуыды кодта: «Афтæ райгас уыдзæн мард Æнгæс дæр, стæй уымæй дæр ног хуы- зы, сымах æнхъæл цахæм не стут, ахæм хуызы». VII. Заза куыстæй здæхгæйæ бауад магазинмæ. Бал- хæдта сæрæлвынæн машинкæ, хæсгард æмæ электро- дасæн. Куыддæр æрбацыд æмæ Артуры куыст сбæрæг кодта, афтæ æрывнæлдта хилдасæджы куыстмæ. Фыц- цаг райдыдта Артурæй. Сæлвыдта йын йæ сæр арæхст- гай. Р1æ рустыл дæр ып фыццаг машинкæ суагъта, стæй йын сæ булкъдаст ныккодта. Аив сæлвыдта Герт- руд, Генриеттæ æмæ Мерийы дæр. Дзæбæх сын сæ ныллæгъз кодта. Сæ дзаумæттыл сын иту сæвæрдта. Хорз сæ куы сфæлыста, уæд сæ айдæны акæсын кодта. 11у дæр дзы йæхи нал базыдта. Алчи йæхимæ, стæй кæрæдзимæ кæсынæй дæр куы бафсæстысты, уæд сæ æрбадын кодта Заза йæ алыварс æмæ сын райдыдта дзурын, зæгъгæ æз уæ еныр хъуа- мæ акæнои театрмæ. Уым уыдзæнис бирæ маймулитæ. Куыд хатын, афтæмæй сымахæй алчи дæр нырма май- мулитæй тæрсы. Диссаг нæу. Уый, фыдæлтæй фæстæ- мæ уæ туджы чи ныффидар, ахæм инстинкт у. Фæлæ хъуамæ афтæ равдисат уæхи, цыма маймулиты уæ сæрмæ хæсгæ дæр нæ кæнут. Цыма сæ уынгæ дæр нæ 214
кæнут. Кæд уæ исчи хъыг дара, уæд сæ нæмын æз æмæ’ Артуры бар уæд. Куыд дæм кæсы, и, лæгаг? — йе уæхск ын æрхоста мидбыл худгæ. Уый йæ сæр дызæр- дыджы тылд бакодта, стæй сдзырдта.- — Нæ зонын. Афтæ мæм кæсы, цыма иу фондз иу- уыл тыхджындæр маймулийы фæнæмин, фæлæ сæ куы ауынын, уæд куыддæр мæ зæрдæ фæтæрсы. — Ницы кæны, уый у, тынг æнæуынон дын кæй сты,. уый аххос. Цас арæхдæр цæуай се ’хсæнмæ, уыйас сыл тынгдæр ахуыр, кæндзынæ æмæ сæ ницæмæуал дар- дзынæ... Сиберийы паддзахадон стыр театры агъуыстмæ æд- дейæ цы бакаст Заза, уый йедтæмæ дзы мидæгæй ни- куыма уыд. Театры раз уæрæх, рæсугъд фæлыст фæзуаты чыр- тæ-чыртæй лæууыдысты зæронд маймулитæ, алыхуы- зон низтæй чи ныггæлиртæ ис, ахæмтæ, уым ма уыд лæппын маймулитæ дæр. Сæ уæлæдарæс дæр æмæ сæ бакаст дæр æвдыста, æрæджы сæ чи æрсырдта, ахæм мæгуырдзинад. Заза сæм кæсы. Йæ зæрдæйы сæм гуы- ры тæригъæддзииад дæр æмæ фыдæхдзинад дæр. Хæдзарæй куы цыдысты, уæд иууылдæр фидарæй загътой Генриеттæитæ, зæгъгæ мурмæ дæр не ’рдар- дзыстæм маймулиты, фэ^лæ театры раз уыцы алыгъуы- зон хъулон м^аймулиты куы федтой, уæд тарстгъуызæй стымбыл сты Зазайы алыварс. — Цытæ кæнут уый? — аивæй сын дзуры Заза..— ■Ам цыдæриддæр маймулитæ ис, æрмæст сæм Гертру- ды куы бауадзæм, уæддæр сæ сугты цагъд скæндзæн.. Фæлæ сæ кæй тæрсæм, уый куы фæхатой, уæд сæ бон у æмæ исты’ дзырдæппарæнтæ райдайои. Æмæ æцæгдæр афтæ рауад. Иу ран бæласы ныл- лæг цонгыл бадтысты дыууæ нуæзтджын маймулийы. Зазаитæ сæ цурты куы фæцæйцыдысты,, уæд дзы 215)
иу йæ фæстаг дзæмбытæй йæхи бæласы цонгыл аца- уыгъта, раздæгтæй Гертруды сæр ацахста æмæ йын йæ русæн ахъаззаг пъа ныккодта. Заза нæ ауыдта, хъуыддаг куыд æрцыд, уый, фæлæ сылгоймæгты цъæ- хахстмæ фæзылд. Уæдмæ Артур расыг маймулийы æф- цæггот ацахста. Уый йæ фæстаг дзæмбытæй фидар хæцыд бæласы цонгыл, фæлæ йæ Артур афтæ рари- уыгъта, æмæ цæсты фæныкъуылдмæ зæххыл йæ дзæхст фæцыд. Уæдмæ иннæ маймули дæр æргæпп кодта йе ’мбалæн æххуысмæ, фæлæ йын Артур йæ хæмхудтæн ахæм баудæста æмæ зилгæ-зилгæ атахт. Лæбурын æв- вонгæй æрбауадысты цалдæр ’сыл маймулийы. Заза Артуры сабыр ^æнынмæ куыд фæцис, афтæ Мери æмæ Генриеттæ тымбыл къухæй аздæхтой уыцы маймули- тыл æмæ дзы кæй нытъупп ласынц, уыдон хъиу-хъиу- гæнгæ атæхынц. Уайтагъд фæзуаты кæрæттæм сæхи айстой маймулитæ æмæ бæлæсты цъуппытæм слыгъ- •дысты. Иугæр фæзуаты сæхи йедтæмæ куы ничиуал аззад, уæд Артур Гертруды фæрсы, зæгъгæ дæ кæд ничи бахъыгдардта, Мери та Артуры уындтытæ кæны, мыййаг дæ зæгъгæ исчи ныццавта? — Нæй, — цыдæр фæсмонгъуызæй йæ сæр батылд* та Артур. — Мæ тых бафæлварыпы фаг дзы не ’рба- хауд мæ къухтæм. — Ницы кæны. Цæмæй чысыл фæныфсджындæр уат, уый фаг уыдысты. ...Амфитеатры бандæтты бæсты—пæлæхсар бæлæс- тæ. Сæ лыстæг хихтæ иууылдæр æхсæст. Æвæццæгæн цæмæй сценæмæ кæсынæн ма хъыг дарой. Бæлæсты къалиутыл кæмдæрты бады иугай маймулитæ. Зазаи- тæ куы бацыдысты, уæд ноджы уæлдæр сбырыдысты. Æвæццæгæн сын сæ къухты ахаст кæнæ йæхиуыл чи бавзæрста, кæнæ йæм фæрсæрдыгæй чи бакаст; ахæм- тæ уыдысты. Заза акæстытæ кодта. Бандæттæдзы куы 216
нæ уыд, уæд бæлæсты бындзæфхæдтыл банцойтæ код- той. Æртыккаг дзæпгæрæджы фæстæ ма залмæ æрба- цыд цалдæр адæймаджы айдагъ цыбыр хæлæфты. Уы- доп дæр Зазаитау банцой кодтой бæлæстыл. Зазайы фæндыд семæ аныхас кæнын, фæлæ уæдмæ залы рух- сытæ ахуыссыдысты. Райхъуыстысты цавæрдæр хæц- нæ музыкæпы уæззау зæлтæ. Сцепæйы æмбæрзæп сып- дæггай афардæг царæрдæм. Сцепæйыл разындысты бæлæсты ’хсæнтæп гæзæмæ чи зыны, ахæм ныллæг хæ- дзæрттæ. ИуьГгом фæрссагæй дзы йæ хæмхудтæ ра- дардта- сыл маймули. Иæ бæрзæй раздух-баздух кæ- пы. Ракæс-бакæс кæпы алырдæм. Уалыпмæ бæласы цъуппыл фæзынд иу æвзонг нæл маймули. Райдыдта æхситтæй цавæрдæр мелодп зарып. Сыл маймули уый куы айхъуыста,уæд фæрссаг уæрæхдæр байгомкодта. Уыцы иу схъиуд фæкодта æмæ, фæрссаггæрон цы бæ- лас уыд, уый цонгыл абадт тымбылцъæгæй. Йе тарæй фелвæста уадындзгопд цыдæр. Иæ дзыхы йæ фæцавта æмæ ралдыдта зарын. Нæл маймули йæ ауыдта. Цæр- гæ\:ы скъæрд ракодта йæхи бæласы сæрæй. Сыл ар- тисты сæрмæ цы лыстæг цопг уыд, ууыл йæхи ацауып- дзæг кодта йæ пу фæстаг дзæмбыйæ, йæ раздаг дзæм- бытæй уадындзы нымайæптыл райдыдта хъазын, æмæ сьт æмбисопды хъæлдзæг музыкæ рауад. Оперæпы кæропмæ сæйраг архайджытæп баззадыс- ты уыцы дыууæ. Бæлæстыл гæппытæгæпгæйæ зары- „дысты, хъæбыстæ æмæ пъатæ кодтой, кафыдысты. Иу аитракты рæстæджы Заза бапыд, цы адæймæг- тæ ма дзы уыд, уыдопмæ. Уыдон разыпдысты маши- нæтæ аразæн заводы раззагон кусджытæ. — Заводæп пæ хицау чи у? — бафарсга сæ Заза. — Иу зæропд орангутанг. Цæуып дæр нал фæразы, фæлæ уæддæр фпдар хæцы заводыл. — Рæсугъд, бæз- 217
джын хъæлæсæй дзырдта иу-фондз æмæ ссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм лæппу. — Æндæр ма дзы бирæ маймулитæ ис? — — Бирæ бæргæ не ’сты. Уымæй дæр къуылыхтæ, сохъуыртæ. Æмбаргæ иицы кæнынц, афтæмæй ныл къухдариуæг кæнынц. Нæмьшæй пыл нæ ауæрдынц. Быптоп пицæй тыххæй дæр нæ бирæ хатт афтæ фæнæ- мынц æмæ нæ тугтæ фæкæлыпц. — Фæлæу-ма ды сæ куыд рахуыдтай, афтæмæй пи- цæйæгтæ сты. Æ-мæ уæм куыд уæпдынц? — уайдзæф- гъуызæй сын бакодта. — Чи сæм уæнды? Уыдон маймулитæ сты. —Йæхи бакъултæ кодта уыцы лæппу. — Йæ мардæрцыд дæр уый мидæг ис. Цыдæр къуылых маймули бацыд æмæ дæ хуызæн уæйыджы ’игæс лæджы нæмы. Уæд æм хъуамæ дæ бæрзæй ба- дарай? — Уæдæ цы бакæнæм?.. — фæстаг дзæпгæрæг пыц- цагъта. Заза сын йæ адрес загъта æмæ сæ бафæдзæхс- та, цæмæп нæм æрбацæуой иу фæскуыст. Бафæдзæхс- та сын, цæмæй рацæуой, рæстæг кæмæн уа, уыдои иу- уылдæр. VIII. Хæйрæджыты хай фæуæнт маймулитæн сæ инсти- тут дæр æмæ сæхæдæг дæр. Заза стыр æхсызгонæй са- разид иу атомон бомбæ æмæ Æпгæсы йæ маймулити- мæ фæнык фестын кæнид, фæлæ адæм? Æппыпфæстаг йæ рæзты фæндагыл чи слæууыд, уыцы адæмæн истæ- мæп феххуыс хъæуы, цæмæй пыи уыдон дæр йæ къух саразой. Институтмæ йæм телефопы æрбадзырдта, заводы 218
хистæр мастеры ном чи райста, уыцы лæппу. Фехъу- сып ын кодта, зæгъгæ Сиберипы цыдæриддæр фабрик- тæ, заводтæ æмæ æпдæр куыстуæтты адæм ис, уыдон фæнды иумиагæй стыр æмбырд ауадзын. Æмбырды уыдзысты раззагон кусджытæ. Тыпг сæ фæнды, зæгъ- гæ, Цсвмæй ды уай уыцы æмбырды æмæ дзы раныхас кæнай. — Æмбырд кæм ауадзынмæ хъавут? — афарста иæ Заза. — Алы заводæн дæр ис егъау æмбырдгæнæн зал. Нырма йæ бæстоп нæ аскъуыддзаг кодтам, фæлæ уæл- ■дай нæу. Кæдæм фæнды дæр нæ боп у бацæуын. — Гъе æмæ уæдæ кæд уæлдап пæу, уæд мæм хъус. Æз кæм царрын, уыцы хæдзары ис егъау зал. Раздæр дзы уыд клеткæтæ адæмæн. Ныр иугæр уыцы адæм хицæн хæдзæрттæм рацыдысты, уæд зал ссис уыцы адæмæп сихор хæрæн. Ис дзы стъолтæ æмæ бандæттæ. Дæгъæл мæнмæ вæййы. Йæ хицау дæр, раст куы зæ- гъæм, уæд æз дæн. Рацыт мæнмæ. У —Уый гæпæн дæр ис, — сразы мастер æмæ йыи бамбарын кодта, кæцы бон æмæ цал сахатыл æрба- цæудзысты, уый. Заза, æмбырд цы бт хъуамæ уыдаид, уыцы рай- сом куыстмæ куы цыд, уæд Генриеттæйæи бафæ- дзæхста, цæмæй залы хорз бафснайой. Бандæттæ æмæ стъолтæ ныссыгъдæг кæпой. Уымæй уæлдай ма сыи бафæдзæхста иу фынддæс лæгæп хæрд æмæ нозт ба- цæттæ кæнын. Радта сæм æхца. (Ныр дыууæ усæн дæр сæ бон уыдис хæдзары хорз æфсииы хæстæ æххæст кæнын). 1 ...Фæссихæртты æмбырдкæнын байдыдтой адæлг. Бирæтæ дзы уыдысты быптон бæгънæг. Стæмтыл дзы уыд айдагъ цыбыр хæлæфтæ. Нырма дзаумаджып 219
адæпмаг чи нæ федта, уыдон цыдæр тарстгъуызæй кастысты Заза æмæ Артурмæ. Сæ бои сыл пæ уыд æрæууæндын. Æмбырдæп разамынд кæпын бахæс код- топ Зазайæн... — Æмбæлттæ, — райдыдта Заза сабыр, архайдта, цæмæй йæ ныхас алкæмæн дæр уыдаид æмбæрст- гонд. — Æнгæсы плаиетæйыл фыццаг хатт æрæмбырд сты адæм стыр хъуыддаг аскъуыддзаг кæнынмæ. Фыц- цаджы дæр мæп зæгъып фæнды уьш, цæмæй сымахæй алчи дæр байхъуса хорз. Бамбара, ам дзырд цæуыл цæудзæн, уый. Уый фæстæ ауадза йæ куыстуаты адæ- мæп, æрмæст адæмæн, æмбырд æмæ сын æппæт дæр бамбарын кæпа. Фыццаджы дæр уæ саразын хъæуы ахæм хъуыддаг; аив пæу бæгънæгæп цæуын. Адæм /кæрæдзийæ хъуамæ кæной æфсæрмы. Уыцы хъуыдда- джы уын маймулитæ пикуы баххуыс кæндзысты, уæ къух уыи никуы сараздзысты. Ууыл хъуамæ уæхæдæг бацархайат. Уынут, маймулитæн сæ хъуыддаг хорз нал у. Æнгæсы хицæуттæ пырæй фæстæмæ хъуамæ уат уæхæдæг, уый тыххæй хъæуы ахуыр кæнын. Мах хъуа- мæ ацы^æмбырды сæвæрæм кусджыты комитет. Уыдон кусдзысты, царды æиæмæпгæй чи хъæуы, уыцы фарс- тытыл... Заза фæдзырдта бирæ ахсджиаг хъуыддæгтыл. Уый ■фæстæ алы завод æмæ фа-брикæйæ дæр раныхас кæ- нын’ кодта иу-дыууæ лæджы. Алкæп пыхасмæ дæр хъуыста лæмбынæгæй. Фæндыдис æй базонын, косми- кон пау саразыпы нын чп баххуыс уыдзæн æрмæг са- мал кæнынæн, уый. Равзæрстой кусджыты комитет—■ æвддæс лæгæй. Уыдон Заза акодта пæ фатермæ. Фын- джы уæлхъус бадгæйæ сарæзтой нывæст сæ дарддæ- 'Р^1 куыстæи. Машинæтæ аразæн заводы хистæр мас- -теры сæвзæрстой комитеты сæрдарæй. Фæстаг хатт сын Заза бафæдзæхста,- зæгъгæ мæн 220
фæпды иу космикон нау саразын æмæ мыи хъуамæ баххуыс кæпат æрмæг ссарыны хъуыддаджы. Иууылдæр ын ныфс бавæрдтон, зæгъгæ нæ цы агу- рай, уый дын амал кæндзыстæм. IX. Радиотæ фæдисы хъæр систой. Орангутанг — дпкторы хъæлæс кæуæгау хъуысы. Уысмæй-уысммæ фæлхат кæны уыцы иу хъуыддаг: «Бамбиры горилла- ты æфсад шимпапзе Ширмайы разамындæй фæстаг салдаты онг бындзагъд скодтой Сиберийы æфсадьк Ныр фурдыл рахызтысты æмæ сæ фæ-ндаг скодтой ацырдæм. Сæ ныхмæ фæлæууæг ничи ис. Йæ цард ба- хизын ма кæй фæнды, уый абоп йæхи куыд апса дард Æнгæсы хъæдмæ. Æз дæр цæуын, ацы хъуыддаг ма æртæ хатты куы сфæлхат кæнон, уæд!». • Кусджыты Комитеты сæрдар æрбацыд тарстгъуы- зæй Зазамæ. \ — Цы кæпæм? — Æппыидæр ницы. Абон маймулитæ ныууадздзыс- ты сымах æвджид Сиберы. Сымах хъуамæ æппæт уæ тыхтæ радтат уымæ, цæмæй амæй фæстæмæ мапмули- тæ адæмыл æлдариуæг макуыуал кæной. » —Феххуыс пын кæн, Заза. — Лæгъстæгъуызæй дзуры сæрдар. — Тыхсгæ ма кæн. Æз рæстæгмæ хицауадæн къух- дариуæг исын мæхпмæ. Ныртæккæ мын Сосеты уæнг- ты æрæмбырд кæн ардæм. — Иæхи гъæдæй Æнгæсы фыццаг адæмон паддзахадæн хистæр суæвæг Заза бардзырд радта. Цыбыр æмбырды Заза бахæс кодта, цæмæй иуиæг адæймаг дæр гориллаты æфсады ыыхмæ ма рацæуа. 221
— Æз æй зонын, уым æфсадагæй кæй пицыуал уы- дзæн. Ау, уыдон орангутангы æмæ шпмпанзеты афтæ кæм цагътой, уым сæхицæй ничи мардаид? Маймули- тæй ам куы никæй уал æрбаййафой, уæд æрсабыр уы- дзысты. Иугæр куы феной, хицауад адæм бацахстой, уæд... Бакæсæм сæм. Уый фæстæ цы аразын хъæуы, уый цард фенын кæпдзæн. — Заза фæрссагæй фæком- коммæ фæндагмæ. Йе ’ккой фæндаггон дзæкъул, аф- тæмæй цалдæр къуылых маймулиимæ хъæдæрдæм фæ- дугъ кæны «йæ бæрзонддзинад» миннстрады хистæр. Зазайы, чысыл сабийау, бафæпдыд, куы йыл ныхситт кæнид, уый, фæлæ ныр паддзахады сæргълæууæг кæй у, ууыл куы ахъуыды кодта, уæд йæхиуыл фæхæцыд. ...Уыцы ’хсæв иу хæстхъом адæймаг дæр нæ бафы- иæй. Æнхъæлмæ кастысты, цавæр æфсад æрбацæу- дзæн, уымæ. Фæлæ иичи æрбацыд. Дыккаг бон, фæс- аходæн, иу хæлддзаг машинæйыл æрбацыд Ширма дыууып зæропд гориллаимæ. Уынгты рауай, бауай кæ- нынц, фæлæ дзы маймули куы никуы ссардтой, уæд сæ фæндаг акодтой министрадмæ. Заза, советы уæнгтæ <æмæ ма ноджы фынддæс фидар лæппулæджимæ аи- вæп сæ хъус дарыиц Ширмайы архайдмæ. Сеууæл- тæм гæсгæ базыдтой, уыдон æнæхъæиæй Ширмайы æфсад кæй сты. Фæнды йæ куы сæ æрцахсид удæга- сæй. Ширмайы тыххæй газеты цы бакаст, стæй майму- литæй цы фехъуыста, уыдонæй зоны, стыр ахуыргопд кæй у. Уæлдай дæр та адæм маймулитæн нæ, фæлæ маймулитæ адæмæн кæй сты сæ рагон фыдæлтæ, уый тыххæй йын цыдæр куыстытæ хуыдтой. Ныр æй ф&н- ды уымæй Æнгæсы адæмы историйы дарддæры рæз- тæи спайда кæиын. /Нинистрады агъуыстмæ куы бацыдысты, уæд Заза загъта йе ’мбæлттæн, зæгъгæ сымах иуварс лæуут. Æз бадзурдзынæи Ширмаимæ. Кæд дзæбæхæи пæ разы .222
кæна, уæд сæ тыхæй басабыр кæндзыстæм, тæрсгæ-иу ■сæ ма кæпут. Ширма куы ’рбахызт къæсæрæй, уæд Заза йæ раз- мæ бацыд æмæ сдзырдта, æфсæддон хистæрмæ куыд фæдзурыпц, ахæм хъæлæсы уагæй. — Цытджын Ширма, æз дып дæ хъæбатыры кой рагæй хъусын. Æхсызгон мын у демæ базонгæ кæнын. Сиберийы æппæт адæмы номæй дыи... — Адæмы нæ, фæлæ маймулиты! — йæ ныхас ын фескъуыдта Ширма. — Нæ, — пæ къух хæрдмæ систа Заза,— Гæккæ дæр адæймæгты номæй! Хъусын дын кæнын Сиберийы зæххыл иу маймули дæр кæй нал ис. Ныр Сибери æмæ æппæт Æнгæсы хицау сты адæм. Адæмон паддзахады сæргъ лæууын æз мæхæдæг. Ды, куыд стыр ахуыр- гопд, афтæ мæ фæнды, цæмæй баззайай немæ æмæ дарддæр кæнай дæ зонадон куыст. — Æмæ мæ хæстонтæ та?—: Дызæрдыггъуызæй йæ ■сæр батылдта Ширма. Адæмы тызмæг цæстæнгасæп фæтыхст æмæ уæлдай ницьГсуæндыд. — Кæм дып сты? — Мæпæ мæ алыварс. Дыууæ кæрæдзийы ныхмæ хæцæг фроптæй ма баззад æрмæст адон. Ныр сæ цы фæ^æнон? — Дæ зæрдæ сæм ма хсайæд. Мах сып хорз бьшат ссардзыстæм. — Фæдзырдта Заза йе ’мбæлттæм. Раз- дæр куыд дзырд уыдысты, афтæ сæ арвыста сырд- допмæ, Ширмайы та йæхæдæг ракодта йемæ. Уыцы ’хсæв ып Базелы хæдзарæй рахицæн кодта иу уат. Æппæт кусæп дзаумæттæ йын радта æмæ йæ бафæдзæхста, цæмæй кæпа æрмæст зопадоп куыст. Йæ уавæртæ йын, развæлгъау, бамбарын кодта: нæй йын æмкъай бацагурыпы бар. Æпæ барракургæйæ йыи нæй кæртæп дарддæр ацæуыиы бар. Искуыдæм алидзын 223
куы сфæпд кæна, уæд уыцы уысм, фыццаг æй чи фена, уыцы адæпмаджы къухæй æрцæудзæп мард. Ныр Зазайæн æппæт фæпдæгтæ дæр байгом сты космикон нау саразынмæ. Цалынмæ пын арæзт фæцис, уæдмæ не схъæр кодта, цæмæн æп хæуы, уый, стæй фыццаг бацыд Ширмамæ. Æрдомдта дзы, цы куысты- тæ пыффыста, уыдон, æмæ раджы кæддæр, уый хъуы- дымæ гæсгæ адæм кæм цардысты, уыцы горæтæн йæ бынаты бæстон афыст. Хъуамæ сæ фæстаг лæварæп бахæсса, ныртæккæ Артур кæмæн разамыид кæны, уы- цы зоиад-иртасæг институтæн. — Мæн фæнды, Заза, æз æмæ ды куы ацæуиккам уырдæм æмæ йæ бæстондæр куы сахуыр кæниккам, — зæгъы Ширма. — Нæй мын уый фадат. Фыццаг хатт æй дæуæн зæгъып, уымæн æмæ мын ныр пикæмæй уал у тас, æз ацы планетæйæ нæ дæи. Æз дæп æндæр планетæ, зæх- хæй æрцæугæ. Ныр сарæзтон мæхицæи космикон нау æмæ хъуамæ фæстæмæ аздæхоп. — Заза!! — цыдæр ципгъуызæй фæхъæр кодта Ширма. — Уый-иу мып Бароп цы Зазайы кой кодта, уый дæ? — Уый. — Бахудт Заза. — Кæсыс, куыд пæ дæ базыдтоп. Тухиаг азтæ мып сфæлхас кодтой мæ зæрдæ. — Рахъаст кодта Ширма. — Ницы кæпьт, уый хыгъд епыр маймулн уæвгæйæ адæнмаджы цард.кæныс. — Мæпæн мæ зæрдæпы хæрамдзин’чд пикуы уыд адæммæ. Æз кæддæриддæр агуырдтон рæстдзииад æмæ мæ судзгæ дæр уый азар бакодта. Æз æмæ мæ ха 224
Гелизæ баххуыс кодтам Баронæн, цæмæй клеткæйæ ссæрибар уыдаид, Уый фæстæ та йын зæхмæ фæстæмæ аздæхыны фадат дæр сарæзтоп æз. — Ау, Барон фæстæмæ зæхмæ аздæхт? — бадис кодта Заза. — О, аздæхт. Нæ космосæсгарджытæ сарæзтой кос- микон нау. Уымæп йæ бортыл уæлдæфмæ ауадзгæйæ хъуамæ уыдаид удæгас цæрæгойтæ. Кæй зæгъып æй хъæуы — адæймæгтæ. Æз баныхас кодтон, уыцы пау ауадзыи хæсгонд кæмæи уыд, уыцы шимпанзеимæ, цæ- мæй фæпвой адæймæгты. Афтæмæп космосмæ цы иæл, сыл æмæ лæппын адæнмаг хъуамæ арвыстаиккон, уьь доны фæивтам Барон, йе ’мкъап Нагъуæ æмæ сæ чы- сыл фырт Морисæй... «Уæдæ Мери æмæ Артур сты Нагъуæ æмæ Морисы пвддзаг. Бароны æфсоп та операци сарæзтой æндæр лæгæп», — ахъуыды кодта Заза, стæй пытыхст Шир- майыл. — Дæуæн ис æцæг адæймаджы зæрдæ. — Æцæг ахуыргонд æмæ зонадоп кусæг хъуамæ кæддæрпддæр архайа рæстдзипадыл. Æз рагæй дæр лæууыдтæн ахæм хъуыдыйыл, цыма мах, маймулитæ стæм адæмы рагоп фыдæлтæ, уымæп æмæ уыдопæп саЗбуары сконд бирæ фылдæр сырæзт мах буары ско- пдæй. Махæн цæмæй нæ’чъылдымы стæг сраст уа, иæ- хъуын азгъæла, нæ раздаг дзæмбытæ хицæн кæной фæстæгтæй, пæ хæмхудтæ сцыбыр уой, цæмæй сæр раст лæууа æмæ иннæ цыппар кьахыл цæуæг цæрæгойтæй пстæмæй хицæп кæпæм, уый тыххæй хъæуы мпллион азтæ. Адæймаг та æппæт уыпы фæлтæрæнтæ рацыд. Мах хъуыддаг, æз куыд хъуыды кæпын, афтæмæп уыд æрдзы хъазæп ми. Кæддæр Æнгæсы цы адæм цард, уы- дон дæр, æвæццæгæп, мæнæ махау, æнæфсис уыдысты. Кæрæдзи фæцагътой. Чи ма дЗы баззад, уыдон хъæд- 15. Къæбысгы 3. 225,
мæ фæлыгъдысты. Сæ быпат та сын бацахстой мах фы- дæлтæ. Уыдон сæ фыркæрæф æмæ æнæмбаргæйæ ныу- уагътой ахæм хъуыды, цыма адæм сæ равзæрдмæ гæс- гæ мур дæр ницы хæстæг сты маймулитæн æмæ иикуы дæр æмбаргæ уыдысты. Уыцы мæнг хъуыды мах мин- гай азты фæлхатт кæнæм æнæрхъуыдыйæ æмæ нæ уы- цы æнæрхъуыдыдзинад æркодта сæфтмæ. Æниу уый раст у. Æрдзы чи цæмæн сæвзæрд, уымæй хъуамæ цæра, кæд æй йæ зопд æндæр нæ хæссы, уæд. Афтæ æнхъæл дæ, маймулитæ сæ фырзондджынæй бафты- дысты ацы тугкалæн хæстытыл? Нæ! Сæ фыркæрæ- фæй. Æмæ ды кæрæфдзинад цы хоныс? Уый у, абарæп кæмæн ницæимæ ис, ахæм æдылыдзинад. Бамбиры гориллатæ цæрæнбонты Сиберпйы иф- тонг кодтой æвзист, сыгъзæрин, мрамор æмæ æндæр хъæзпыг къахæггæгтæй. Сиберийы заводтæ æмæ фаб- рикæтæ иууыл орангутангы къухы уыдысты. Цас сæ хъæзпыгдзипад фылдæр кодта, уыйас поджы кодтой кæрæфдæр. Сæ заводты иууылдæр куыстой гориллатæ æмæ шимпапзетæ. Уыдон сыи азæп-азмæ сæ мызд код- той къаддæр, сæ куысты рæстæг та даргъдæр. Афтæ- мæй кусджыты ’хсæн æвзæрып райдыдта æпæразыдзи- над. Арæх-иу растадысты. Уæд сфæнд кодтой адæмы куыстыл фæцахуыр кæпып. Уый сæ ссæрнбар кодта куысты мызд фидынæй. Афтæмæй та адæм разындыс- ты тыпг зæрдæргъæвд, куыстыл цапдагъ кодтой æнцо- иæй. Орапгутангтæ æгуыстæй куы баззадысты, уæд схæцыдысты сæ фылдæр æмæ Бамбирмæ афардæг сты. Уым цыдæриддæр базарадоп наутæ баййæфтон, иууылдæр сæ ныпырх кодтой... Гъе, уый фæдыл рацыд хæст. Уый æдылыдзипад нæу? Уæдæ циу? Æмæ сæ уымæ æркодта кæрæфдзи- над. Афтæ у, хъæзпыгдзинад кæп бакуырм кæпа, уы- мæп иу бон æнæ ахаугæ нæй сæрсæфæнмæ. 220
— Ныр ма дæм цы фæндтæ ис царды? — бацымы- дис кодта Заза. — Мæнæн мæ бæллиццтæ сæххæст сты. Мæн фæп- дыд, мæ зонадон цæстæнгас цас раст у, уый бабæрæг кæнын æмæ мæпæ сбæрæг. Æлгæсы хицæуттæ чи уы- дысты, уыдон бацис фæстæмæ. Афтæ æнхъæлыс, мах адæммæ цы цæстæй кастыстæм, æцæг афтæ куы уы- даиккой, уæд афтæ цыбыр рæстæджы ныллæууыдаик- кой сæ рæзты фæндагыл? Нæ! Уыдон сæ царды тыхст уавæртæ рæстæгмæ фæкъуырма кодтой. Ныр сæ зонд æрсабыр, æрулæфыд, æмæ та йæ быпат æрцахста. — Ширма, нæ дæ бафæндид зæхмæ мемæ ацæуын. Уым дæр ис майхмулитæ. Æцæг уыдон инпæ сырдтæп бирæ ницæмæй хицæн кæнынц. — Æмæ сæ цы кæнын. Мапмули кæмдæриддæр маймули у. Æмæ иугæр афтæ у, уæд алы маймули дæр мæпæн, æрмæст рæстдзинад зæгъын æмæ ууыл тохкæ- ныи кæй фæпды, уымæн йе знаг у. Зæххыл æз пицы пайда æрхæсдзыпæн. Уым дæ хуызæн рæстзæрдæ адæм, æвæццæгæи, (Зирæ ис. Уым æдылыдзипадæн иæ уыдзæп бынат. Æмæ д:ы уæд, æзæццæгæн, хæстæн йæ пом дæр нæ зондзысты. х ’’ Ам Заза куыддæр фефсæрмы. Хъуамæ йын загъ- таид, зæгъгæ, махмæ дæр вæййы хæстытæ, фæлæ йæ- хиуыл фæхæцыд, мыййаг мын куы зæгъа, зæгъгæ, уæд адæм маймулитæй æдылыдæр сты æмæ мæ уыдоп æх- сæнмæ цæмæп кæныс. — Уæдæ ма дыи цы зæгъон? — Тагъд цæуыс? — Тагъд. — Феи-иу мæ. Хъуамæ дын зæххон адæммæ арви- тон арфæйы фыстæг, зæндджын кæй сты æмæ хæсты- тыл сæ фæллой дæр æмæ сæ тых дæр кæй нæ хардз кæнынц, уый тыххæй. 227
— Хорз, — загъта Заза, фæлæ йæхинымæры та фыр- æфсæрмæй судзы, адæмы тыххæй. Зæххон адæммæ дæр хæстытæ тынг арæх кæй вæййы, уый æмбæхсыв æй кæй хъæуы маймулийы раз, уый тыххæй. XI. Космикон науы арæзтад афтæ рæвдз иæуы æмæ Заза дис дæр кæыы. Ардæм цæуынæн кæй арæзта, уым ын ,æххуыс кодтой инженертæ, техниктæ, токартæ, фæлтæрд кусджытæ. Афтæмæн дæр ыл цалдæр мæйы бахъуыдысты. Ныр та кусынц бынтон хуымæтæджы кусджытæ. Афтæмæй та йæ арæзтад цæуы рæвдз. ■—Уæддæр дзы цы спайда кæндзынæ, Заза? — Арæх æй фарста Артур, арæх æй фарста Геприеттæ дæр. — Куы сцæттæ уа, уæд æй фендзыстут, — хуымæ- тæджы дзуапп-иу радта Заза. Æнæхъæп адæм æй афтæ бауарзтой æмæ йæ нæ фæпдыд, развæлгъау сæ сагъæ-. сы баппара. Генриеттæйæп æнæуи а’ркæйттæ кодта, зæгъгæ, искуы дард балцы цæуын куы сфæпд кæиин, уæд цы зæгъис? Рацæуис мемæ? — Æз цы базыдтон, уымæй дæуæй дæн бузныг. Лфоимæ дæр ма искуы клеткæйы баднн, уымæ гæсгæ демæ арвы кæрæттæм дæр фæцæудзынæн. — Чи зоны бирæ азты ныддаргъ уа уыцы балц? — фæлварæджы цæстæй йæм бакаст. — Уæлдай мып нæу. ^æуимæ маймулиты дзæмбы- ты куы уыдтæн, уæд дæр ницæмæй тарстæн. Æрмæст пæ хæдзар кæмæп афæдзæхсдзыстæм? — Æз æнхъæл дæн, дæхæдæг мын загътай, цыма Мерп мой кæныпмæ хъавы. 1 — Раст у. — Хæдзар ис, чп пæ куры, уымæн? 228
— Æмдзæрæндоны цæрынц цалдæрæн. — Гъе, æмæ уæдæ Мери куы смой кæпа, уæд сыи пæ хатæн ныууадздзыстæм. Уыцы фæндыл сразы Генристтæ. Не схæцыд, иуæй- ну цыбæл сылгоймагау, Зазайы лыстæггай фæрсып- тыл, кæцырдæм уыдзæн сæ балц, уый тыххæй. Æппын- фæстаг сцæттæ иау. Хъуыдис ма, æрмæст фæпдагыл иы хъæуы, уыдоиыл бæстои ахъуыды кæнын. Зазайы нымадмæ гæсгæ, уый Æпгæсыл цы рацард, уыцы рæс- тæджы зæххон пымадмæ гæсгæ уыд иу мип азмæ хæс- тæг. Иæ зопгæтæ, йæхиуæттæй удæгас пичиуал уы- дзæн, æмæ йæхпмидæг тыхст, чи йæ дзы суазæг кæн- дзæн? Куыд фæнды ма уыдаид, уæддæр науы сфæлын- дзын хъуыд хорз. Сарæзта дзы чысыл цæхæрадоп æп- пæт цъæх халсæрттимæ. Дæс æфтауаг карчы æмæ ну уасæг; дыууæ дуцгæ сæгъы æмæ пу æнæрдыст цæу. Цы нæ вæйпы, уæдта æгæрон æрвон тыгъдады сæ фæпдаг фæрæдыдысты, уæд иусæдæ азы бæрц уæддæр хъуа- мæ бафæразой. Уый бæрц нæдæр сæгъ фæцæрдзæп, нæдæр карк, стæй иуæй-иу хатт кусарт кæнын дæр хъæуы. Уымæ гæсгæ хъуамæ цот кæиой. Сарæзта дзы хъазæн фæз. Афæстаг бопты Геприеттæпæп йæхимæ иыма цыдæр нæ зæрдæ фехсайдта. Уæдта сын сывæл- лæттæ ис, уæд кæм хъаздзысты. Хъазæн фæзы алы- варс иыссагъта . дыргъ, æмæ, æдзух цъæх чи дары, ахæм бæлæстæ. Æппæт дæр атæхынмæ_цæттæ куы уыд, уæд фæ- сидт Сиберийы раззагондæр адæймæгтæм. Цыбыртæн сын радзырдта йæ зæххоп цард, йæ дард æмæ зын бал- цы тыххæй. Загъта сын, зæгъгæ ныр та хъуамæ фæс- тæмæ аздæхон мæ зæхмæ. Зæххыл чи райгуыра, уы- мæн æндæр планетæйыл, йæ зæххы нал фепгæйæ амæ- лын тынг зын у. 229
— Æмæ нæ никуыуал абæрæг кæндзынæ? — Цы- дæр уæззау хъæлæсæй афарста Артур. — Уый тыххæй фидарæй ницы мæ бон у. Кæд нал æрæздæхон, уæддæр цæрут. Уæ сæрибардзипады тых- хæй уын арфæ. кæнып. Кæддæр уæ фыдæлтæ цы рæ- дыдтытæ æруагътой, уыдон сахуыр кæнут æмæ сæ ма- к^ыуал æруадзут царды, цæмæй уæ фæстагæттæ май- мулитæн цагъартæ макуыуал уой. Ныр та уал мæ бæсты паддзахады сæргълæууæгæй уромып Артуры. Æмбаргæ лæппу у, ныфс мæ ис, æппæт йæ тыхтæ кæй ратдзæн адæмы фæрныгадæн. Макуы уæ мачи батырнæт æрмæст йæхи уды хорз цардмæ. Мачи уæ бабæллæд иу уды хъæзпыг цардмæ. Ну уæ иннæмæ дæлдæр кæнæ уæлдæры цæстæй ма- куы бакæсæд. Макуы уæ макæмæй ферох уæд, адæй- маг кæй дæ æмæ дæ алыварс кæй ис адæймæгтæ. Кæнут ахуыр. Цы фæнды хъа?зныгдзииадæй дæр уæм хуыздæр кæсæд ахуырдзппад. Æз мæ зæххæй куы фæхицæн дæн, уæдæй рацыд пу мип азмæ æввахс. Нæ’зонын цавæр уавæры ис цард зæххыл ныртæккæ, уый махмæ адæм дих кодтой дыу- уæ къордыл сæ бакастмæ гæсгæ нæ, фæлæ сæ зопд- ахастмæ гæсгæ: иутæ дзы уыдысты æцæг адæм, мæнæ сымах хуызæн, инпæтæ та адæм-маймулитæ. Зæххы фылдæр хайыл нырма царды хицæуттæ уыдысты уы- цы маймулитау, æнæфсис адæм. Уыдон уыдысты Æн- гæсы маймулитæй æгъатыр æмæ æдзæсгом дæр. Сæ фыркæрæфæй сæ фæндыд æнæхъæнæй зæххы къори аныхъуырын. Сæ иунæг бæллиц ссис æхца, фæллой. Бирæ тых æмæ мулк хардз кодтой хæцæнгæрзтæ уа- дзыныл, ’цæмæй адæмы ’кæрæдзийæи цæгъдын код- таиккой æмæ сæ къухы уыдаид фылдæр зæххытæ. Æз, æнхъæл дæн, æмæ зæххы æнæфсис адæймæгтæ 230
дæр, Æнгæсы маймулитау, сæ кæрæфдзинады аххосæй сæ сæфты бонмæ кæй фæхæццæ уыдаиккой. Æз æн- хъæл дæн æмæ ныр Зæххыл дæр адæм кæй уыдзысты царды æцæг хицæуттæ. Кæд афтæ уа, уæд æз бацар- хайдзынæн зæхх æмæ Æнгæсы ’хсæн культурон баст- дзинад саразыныл. Æз æпхъæл дæн æмæ дыууæ стыр планетæйы адæм æмуд, æмзондæй куы аразой сæ цард, уæд пикæцы цæлхдур фæфидар уыдзæн сæ разы. Цæй, ныр афон у кæрæдзийæн хæрзбон зæгъынæн. Мæ цæст уып уарзы зонад æмæ культурæйы æппæт фадгуыты стыр æптыстытæ. Бафæпддзæн мæ, цæмæй рæхджы зæххоп адæм дæр ныппырх кæной сæ цардьг рæзт сын чи хъыг дары, уыцы маймулиты æ’мæ дыууæ планетæйы адæм кæрæдзимæ цæуой дыууæ зæрдæхæ- лар сыхаджы уавæры. Зазайы ныхасыл æппæт адæм сæмбæлдысты зæр- диаг æмдзæгъдимæ. Бирæты цæстæнгæстыл дзы фæл- мау æрбадт æрхæндæгдзипад. Бæрæг уыд, тыпг зып сып кæн у Зазайæ фæхицæнуæвын. ...Наумæ раздæр бахызт Генриеттæ, Заза ма науы къæсæрыл лæууыд æмæ йæ худы тылд, стæй мидбыл худтæй хæрзбои дзырдта адæмæп. Уыцы рæстæджы иу лæг Ширмайы, йæ хъуырыл бæпдæн, афтæмæй æр- бакодта Зазайы цурмæ. — Æз æп зыдтоп, Заза, дæ цæуыпы агъоммæ дæ мæнмæ кæй нал равдæлдзæн. Æз абондæргъы лæгъс- тæ кæныи мæ хъахъхъæнæгæн, цæмæй мæ ракодтаид. Тыпг мæ фæндыд дæ фæстаг ныхасмæ байхъусын. Тыпг мæ фæидыд мæ номæй, Æпгæсы фæстаг майму- лийы номæй зæххоп адæмæн арфæтæ арвитып æмæ сæ бафæдзæхсып, цæмæй Æнгæсы кæддæры адæмы рæ- дыд макуы æруадзоп, маймулиты къухмæ макуы рад- той сæ цард, сæ сæрибардзинад. 231
XI. Ширмайы ныстуан зæххон адæммæ «Цауд, ницæйаг маймули уæвгæйæ уæм мæ ныхас кæй хæссын, уый тыххæй уæ, развæлгъау, хатыр ку- рыи. Æз чысылæй фæстæмæ хъомыл кодтон орангутанг- ты мæнг, æнæ бындур ахуырадыл. Уыдон цæрæнбонты, сæ удæй арт цæгъдгæйæ, бæлвырд кодтой, зæгъгæ, плаиетæ Æнгæсыл рагæй фæстæмæ иуиæг æмбаргæ уæвынадгæнæг сты маймулытæ. Уыдонæн сæ равзæрд- мæ гæсгæ æппыидæр адæмимæ нииы бастдзинад ыс. Æз уыцы хъуыддагыл дызæрдыг кæиын байдыдтон хæрз æвзонгæй фæстæмæ. Дызæрдыг та кодтон уымæн, æмæ мæн ницæй тыххæй уырныдта, буары кондæй афтæ хæрз аив чи у, уыцы адæм сæ рæзыны хъуыдда- джы маймулиты фæстæ баззадаиккой, уыдон размæ- дзыд макуы дуджы уыдаиккой, æмæ, мæ размæ дæр, бирæ ахуыргонд ишмпанзстæ куыд бæлвырд кодтой, афтæ адæм маймулиты рагон фыдæлтæ нæ, фæлæ май- мулитæ адæмы рагон фыдæлтæ кæй уыдаыккой, уый мæ уырныдта. Æмæ æппынфæстаг мæ хъуыдыйæн фæцис сбæл- вырд кæныны фадат. Уый та уыд афтæ: иу цавæрдæр фыййау ссардта, къæвдайы дон кæй бахордта, ахæм ададжы заманайы рæсугъд, хæрз аив арæзт дзаумæт* тæ. Археологтæ куы басгæрстой уыцы быиат, уæд сæ зæрдæ фехсайдта, раджы кæддæр тынг размæдзыд чи уыд, ахæм чидæр — Æнгæсыл кæй цард, уымæ. Маймульпы егъау къордæй сарæзтой зонадон экспеди- ци. Æз археолог нæ дæи, фæлæ маймулиты равзæрды историмæ рагæй кæй цымыдис кæнын, уый зонгæйæ мæ бахастой экспедицийы хайадысджыты скондмæ. 232
Археологон куыстытæ ахастой цалдæр азы æмæ дзы разынд, кæддæр диссаджы рæсугъд фæлыст чи уыд, ахæм горæты хæлддзаг. Ахуыргæндтæ куыд сбæл- вырд кодтой, афтæмæй уыцы горæт раджы кæддæр пырх æрцыд æмæ йæ цæрджытæ бындзагъд фесты ца- (вæрдæр æвирхъау хæсты рæстæджы. Фæлæ диссаг уый уыд æмæ уым цы æнæнымæц стæгдартæ разынд, уыдо- нæй иу дæр нæ уыд маймулийы. Иууылдæр уыдысты <адæмы стæгдартæ. Ахуыргæндтæ ма сбæлвырд код- той, горæты йæ асмæ гæсгæ, астæуккаг нымадæй, цас адæм хъуамæ цардаид, уый дæр. Фæлæ дзы цы стæг- дартæ разынд, уыдон уыдысты, горæты цас хъуамæ цардаид, уымæй дæс хатты фылдæр. Уæдæ зæгъæн ис, горæтмæ кæй æрбабырста æгъатыр тыхгæнæджы егъау ггфсад. Сæ уæлæ дарæсмæ гæсгæ æнцон сбæрæггæнæн уыдысты æддагон æрбабырсæг æфсад, фæлæ ма дис- саг уый уыд æмæ уыцы æфсадæй иу дæр кардæй, кæ- нæ нæмыгæй цæф нæ уыд. Уыдон егъау къордтæй рæ- дзæгъдтæй лæууыдысты иу рæтты. Уый афтæ нысан кæны æмæ фысымтæм кæй уыд, адæмы къо’рдгæйттæй язвиппайдæй чи куынæг кос/та, ахæм æвирхъау хæцæн- гарз. Горæтæн йæ алыварс уыд, цавæр фæнды мигæнæ- нæй дæр цъæррæмыхст чи нæ кодта, ахæм æрмæгæй конд бæрзонд бру. Бацæуæн æм уыд æрмæст иу рæт- ты. Уым цъæлтæй лæууыд тулдзы цъæхæй конд дуар. Æвæццæгæн æй тыхæйисджытæ ныцъæл кодтой. Ацы горæты фæрцы археологтæ бæлвырд кодтой, раджы кæддæр Æнгæсыл кæй цард тынг размæдзыд адæм. Уый тыххæй цыбыр рæстæгмæ фæзынд бирæ зо- надон куыстытæ, уыцы нымæцы мæхи егъау куыст дæр. Орангутангтæ исдуг сæ хъус не ’рдардтой ацы хъуыддагмæ, фæлæ сæ зонады мæнг бындур змæлын кæй райдыдта, уый куы федтой, уæд фидарæй ныл- 233
лæууыдысты уыцы куыстытæ скуынæг кæныныл. Æмæ сæ скуынæг кодтой ’фæстаг дамгъæйы онг. Горæтæн йæхи та ныссастой хъомысджын техникæйы цæлхыты бын æмæ йын йæ бынаты сарæзтой ног горæт. Фæлæ мæн уæддæр фидарæй уырныдта Æнгæсы рагон æмæ иунæг хицæуттæ адæм кæй уыдысты, уый. Æмæ кæд мæхæдæг маймули дæн, уæддæр мын æх- сызгон у, ныртæккæ дæр та йæ хицæуттæ адæм сæхæ- дæг кæй систы, уый. Уыдон иуцасдæр бæрцæй бам- бæрстой маймулиты æдзæм сæфты аххосаг. Уый фæл- тæрæй-фæлтæрмæ дæтдзысты æмæ мæ ныфс ис, Æнгæсы адæм сæ раг фыдæлты рæдыд кæй никуыуал æруадздзысты, уымæй. Мæ ныстуаны кæрон уæм сидын, зæххон Адæм. Сы~ мах дæр макуы æруадзут ахæм рæдыд, зонд-зонæн уыы уæд Æнгæсы адæмы раг фыдæлты æвирхъау хъыс- мæт. Уæ хорзмæ бæллæг Ширма». XIII. Зиптуны системæйæ куы рахызт уæлдæфон нау- æмæ фæрссагæй хуры тынтæ куы ’рбакастысты, уæд. афтæ фæкаст Зазамæ, цыма йыл йæ зæронд мады уай- дзæфы цæсты сыгтæ сæмбæлдысты. Р1æ зæрдæ бауын- гæг. Цæмæй йæ Генриеттæ ма фæхатыдаид, уый тых- хæй æддæмæ рацыд хатæнæй æмæ цæхæрадоны хъæ- дындзтæ рувыныл йæхи ирхæфсын райдыдта. Хурьг системæйы стъалыты астæумæ куы ’рбахæццæ сæ нау, уæд æнæнхъæлæджы дардмæ суыдта цавæрдæр змæ- лæг буар, уый тынг егъау тагъдæй цыд комкоммæ За- заиты ’рдæм. Заза йæ æрæджиау базыдта, уый дæр» уæлдæфон нау кæй у. Сындæггай йæ науы тагъдад дæ- 234
лæмæ æппарын байдыдта. Йæ худ тилы йæ ныхмæ Ч1Г æрбацæуы, уыдонмæ, зæгъгæ æрлæуут, Йæ цурмæ куы ’рбахæццæ нау, уæд цæхгæр фæзылд æмæ Зазаиты на- уыл æрбаныхæст. Йæ бортæй рахызт иу лæппулæг æмæ Зазайы наумæ бахызт хæдæхгæнгæ фæрссагыл. — Уæ фæпдæгтæ раст,'—салам радта, ног æрбацæ- уæг Заза бынтон хорз кæй не ’мбæрста, ахæм рæсугъд æвзагыл. — Арфæгонд у, фæлæ дын дæ дзырдты иууыл куы- нæ æмбарын? — Бацархайдта Заза ног æрбацæуæг æм цы ’взагыл дзырдта, уымæ хæстæг дзурыныл. — Уый та куыд у? — бадис кодта. — Ныртæккæ зæххон адæм уыцы иу æвзагыл дзурынц æмæ йæ ды куыд нæ зоныс? — Ныххатыр кæн, — йæхи растгæнæгау дзуры За- за. — Æз зæххæй раджы фæхицæн дæн. Чи зоны ис- куы дæ фыдæлтæй фехъуыстай лæджы ном «Заза». профессор Зазайы кой. Мах раджы кæддæр æртæ æм- балæй сарæзтам космикон балц. БахауДыстæм адæм иæ, фæлæ маймулитæ хицау кæмæн уыдысты, ахæм планетæмæ... — Фæлæу, фæлæу? — йæ дзырд ын фескъуыдта лæппулæг. — Заза зæгъыс? — О, Заза. — Æз фехъуыстон иу Зазайы кой,— дзуры дард- дæр, — уый иу мин азы размæ мæ фыд Баронимæ ба- хау-д Æнгæсмæ, фæлæ уый маймулиты уæлдæр физио-- логийы институты лабораторийы баззад. — Уæдæ ды мæ хæлар Бароны фырт дæ?'—дис’- гъуызæй йæ афарста Заза. — О, мæ ном хуыйны Морис, Гуыргæ æз’ дæр> Æн- гæсы ракодтон. — Уæд дæ мад та у Нагъуæ. Æнг’æсы. фыццагууыл сæмбæлдыстæм. 235'
— Ныр мæ уырны ды æцæг уыцьГЗаза кæй дæ.— Баууæндыд ыл Морис.— Дæ хорзæхæй куыд у уым цард, æмæ цы амалæй раирвæзтæ? — Уый дын радзурдзынæн, фæлæ ма уал мын зæгъ: Зæххыл куыд цæрынц адæм? — Мах куы ’рцыдыстæм, уæд зæххыл дæр царды хицау уыдысть? Æнгæсы маймулитау кæрæф адæм. Æрмæст зæххы æцæг адæм Æнгæсы адæмау æнæзонд, быитон фæстæзад пæ уыдысты. Уыдоы растадысты. Ныссæрфтой се знæгты æмæ сæхæдæг зæххы хицæут- тæ систы. Ныр зæххыл адæм цæрыпц æмуд, æмзондæй. Дзурынц иу æвзагыл, нæй дзы хицæндзинад адæмы ’хсæн. Чи цæмæ арæхсы æмæ кæм йæ бон у, уым кусы. Хæлц, дзаума кæй цас хъæуы, уыйбæрц исы. — Уæдæ Æнгæсы адæм дæр систы сæ планетæйы хпцау. Маймулитæ бирæ азты тугкалæн хæстыты скуынæг сты æмæ адæм хицауад райстой. Кæддæрау æнæмбаргæ нал сты. Фæзынд сæм ахуырдзинад. — Уый хорз. — Æхсызгон уыд Морисæн. — Уæд рæхджы мæ бон бауыдзæн мæ мады æрвадæлтæм уа- зæгуаты ацæуын. Æнæуи сæ цардимæ иуцъус зонгæ сты зæххон адæм, фæлæ... культурон бастдзинад æн- дæр у. — Æиæмæнг. Мах хъуамæ саразæм культурои баст- дзинад. Кæм ис мæ хæлар Барон? — Уыцы фарстæн лæппу фенкъард, йæ худ систа æмæ уæззау сдзырдта: — Мæ фыд нал ис, хæрз зæрондæп амард мæ мад дæр. — Нæй гæнæи! Ныр дæхæдæг лæг дæ. Уæддæр ма нæ дыууæ дæр нæ райгуырæп бæстæтæй бæрæг кæй фехъуыстам, уый цины цау у. Уæдæ ахæм фембæлды тыххæй фæйнæ агуывзæйы баназын аипп нæ уыдзæн. Ма’хмæ ис Æнгæсаг сæн... Генриеттæ, фынг нып ацæт- тæ кæн. 236
— Мæнмæ дæр ис цыдæртæ: шампайнаг сæн, хæ- ринæгтæ, фæлæ фынг æвæрыны хæс Генриеттæмæ цæ- мæн хауы? — цыдæр дисгъуызæй йæм бакаст Морис. — Фынг рагæй фæстæмæ дæр сылгоймаджы хъуыд- даг у. Куы нын алæггад кæна, уæд ын мур дæр нæу. Æмбæлгæ дæр ыл кæны: дæ мады хо у. — Бахудт Заза. — Мæ мады хо кæй у, уый ашбарын, фæлæ фынг æвæрын уымæ хауы, зæгъгæ, кæй зæгъыс, уый æххæст раст нæу, — загъта ма Морис æмæ чысыл æддæмæ ахызт, фæлæ уайтагъд фæстæмæ феЗдæхт. Йæ фæдыл а^рбахызт, йæ рæсугъддзинадæй цæстытæ кæмæн та- рытæ кодтой,чахæм æвзонг чызг, йæ мидбылты уæздан худт бакодта. Æнгæсаг уазджытæн йæ ’сæрæй акуыв- та, стæй Морисмæ^фæзылд æмæ сдзырдта цахæмдæр зæлланггæнаг хъæлæсæй. — Табуафси, цæттæ дæн сымахæн балæггад кæ- ньшмæ. — Дæ уазджытæ стæм пууылдæр. Истæмæйты иæ хорз фен. — Табуафси, — фæкодта чызг æмæ фæстæмæ фæ- зылд: — Кæсыс, ды Генриеттæйæн, æвæццæгæн, (тæрн- гъæд фæкодтай, науæд та æнхъæлыс, цыма уый дæ гыкъынайы хуызæн нæ сарæхсдзæн балæггад кæнын- мæ. — Хъазæп хуызы йып бауапдзæф кодта Заза, стæй пæ афарста: — Уый де ’фсин уыдзæн, кæй зæгъын æй хъæуы? — Ме ’фсин цæмæн? — поджы та йæм дисгъуызæй бакаст Морис. — Сылгоймаджы лæггад кæиынмæ кæм .æвдæлы? Уымæп стырдæр хъуыддæпæ кæнипаг нс. Кæсыс мæнæ дæ космикон уæрдонмæ? Уый хуызæттæ махмæ дæр уыд цалдæр сæдæ азы размæ. Ныр ма сæ 237
кæд музейы фенай, æндæр космосмæ ахæмтыл ничи- уал цæуы. — Цыдæр æнахуыр ныхæстæ кæныс, л’æппу, æмæ дын ницы æмбарын? — æпæууæнчы каст æм бакодта Заза, фæлæ уæдмæ чызг фæзынд æмæ йæ фарстæн дзуапп нал райста. Чызг къуымты йæ цæст ахаста, цыма исты агуырд- та, уыйау, стæй Морисмæ фæзылд æмæ йе уæхсчытæ æнæмбарæджы æлхъывд фæкодта. — Кæсыс, мæ фыды хæлар? Дæ нау дын уæрдон кæй схуыдтон, уый тыххæй мæм, чи зоны, хъыг дæр фæдæ, фæлæ федтай, мæ гыкъына цыдæр кæй агуры, уый? — хинæйдзаг каст æм кæны Морис. Зазайæн, л?цæг, хъыг уыдысты ацы фæстаг ныхæстæ æмæ йæхи ,пал баурæдта. — Æмæ кæд дæ космикон галуаны, мыст йæ къæ- дзил цæуыл ракъуыра, уый дæр нæй, уæд цы дæ цæс- гом нæ хъæцы? Чызгæи дæр ма цы фыдæбон кæныс? Сбад, мæ хур, — чызгæн ацамыдта бандонмæ æмæ Генриеттæмæ фездæхт: — Адон дæ ницы æнхъæл сты, фæлæ ма сын равдис дæ арæхстдзинад. Генриеттæ сыстад. Морис ныххудт æмæ йын йæ донгыл æрхæцыд. — Бадгæ кæн, мæ мады хо. Мæ фыды хæлар цас- фæнды куы мæсты кæна, уæддæр йæ космикои уæрдо- лы нæ разындзæн, мæ гыкъына кæй æрцæттæ кодта, уыцы фынг ардæм æрбадавыны фæрæз. — Æмæ кæд исты æрцæттæ кодта, уæд ма сæм цы боны хорзмæ кæсы? рахæссæт сæ, æмæ фæцис. — Нæ та йæм фæлæууыд Заза. — Фæлтау цомут махмæ. Къустæ æмæ агуывзæтæ раскъæф-баскъæфыл рæстæг куы хардз кодтой, уыцы дуг адымдта, — Сыстад Морис. Иинæтæ дæр уæлдай ппцыуал загътой. 238
Кæдæм бацыдысты, уый уыд къаннæг афтид хатæн. Р1æ къултæ æмæ йæ астæрд конд уыдысты цавæрдæр нывæфтыдтытæ авджынгæс æрмæгæй. Заза цымыди- сæй кæй ракæс-бакæс кодта, уымæй Морис бамбæрста, цыдæр та йæм диссаг кæй кæсы, уый æмæ къулыл иу джыбыæнгæс кнопкæ фелхъывта. Уайтагъд хатæны ас- тæу февзæрд цыппар бандоны. Морис уазджытæм ба- хатыд. — Сбадут, уæ хорзæхæй. Ныртæккæ нын Лушæ ф>ынг дæр авæрдзæн. Уазджытæ ’рбадтысты. Морис фæзылд чызгмæ. — Лушæ, "ныр дæ хъуыддаг кæн. Чызг дæр та цавæрдæр киопкæ фелхъывта æмæ уайтагъд сæ разы февзæрд цæттæ фынг. Фæлæ Заза- мæ диссаг уый фæкаст, æмæ фынгыл кæй уыд нæуæг конд уЗеливыхтæ, нырма йæ хъарм тæф йæ сæрмæ кæ- мæн ’рæдзæ-мæдзæ кодта, ахæм цурынфых карк, уы- цы тæккæ уысм цæхæрадоны кæй ратыидæуыд, ахæм цъæхыгтæ, дурыны дзаг сæп, сдуры фыд къуыдырфы- хæй, уым-æн дæр йæ фæздæг калд йæ сæрмæ. Уазджы- тæм ма ноджы цымыдисон фæкаст иу хъуыддаг: фын- гыл мигæнæнтæ уыд æрмæстдæр æртæ удгоймаджы ■фаг. Фынгыл сæ æрбадинаг чи нæу: лæг æви ус? — Ацы фарстыл сæхинымæры хъуыды кодтой Заза дæр æмæ Генриеттæ дæр. Морис йæ амопæн æнгуылдзæй дурыны фарсмæ «февнæлдта. Уый йæхигъæдæй сындæггай ракъул. Агуывзæтæ йæм радгай сæ дзыхтæ бадардтой. Куыд едзаг кодтой сæнæй, афтæ сындæггай бырыдысты фын- гыл бадджыты размæ. Æртæ агуывзæйы дæр сæ бы- нæттæ куы ’рцахстой, уæд тæбæгътæ дæр фезмæлыдыс- ты æмæ агуывзæты фар.смæ сæхп баластой. Ныр уаз- джытæ ба.мбæрстой фынгыл хайад кæй нæ исдзæн Лу- 239
тæ. Сæ дыууæйæн дæр хъыг уыд, фæлæ нсдуг ницы дзырдтой, стæй Генриеттæ йæхи нал баурæдта. — Лушæ, дæхицæн цæуылнæ æрæвæрдтай мигæ- нæнтæ? Аив нæу, фынгыл иутæ хæргæ кæной, иннæ та сæм кæсгæ кæна, уый. < Лушæ йæ мидбклты бахудт. Бахудт Морис дæр„ стæй Лушæйæн цæстæй ацамыдта. — Фынг æнæхъæлдзæгдзинад нæ фидауы, Лушæ. Уый сыстад. Ахызт иннæ хатæнмæ. Чысыл фæстæ- дæр хатæны къултæй иуæй райхъуыст цавæрдæр уы- нæр. Заза æмæ Генриеттæ уыцырдæм фæзылдысты. Къулæй къаннæг цыппæрдигъон хай ныррухс. Фæзынд ыл, Лушæйы халдих чи уыд, ахæм сылгоймаг. Кæрæ- дзийæ хицæй кодтой æрмæстдæр иу хъуыддагæй. Лу- шæйæн йæ ныхыл уыдис нымащ иуы æнгæс нысан, эк- раныл цы чызг фæзынд, уымæп та йæ ныхыл уыд дыу- уæйы хуызæн нысан. Уазджытæ уыцы нысанмæ раз- дæр сæ хъус уадиссаг не ’рдардтой, æрдзон стъæлфыл æй банымадтой. Ныр сæм дызæрдыгдзинад æвзæрык байдыдта. Сценæйыл цы чызг ралæууыд, уый радзырдта: — Байхъусут нæ копцертмæ. Уый фæстæ экрапыл ралæууыд уыцы æмхуызоп> чызджытæ æмæ æмхуызон лæппуты къорд. Кæрæдзй- нæ хицæн кодтой, æрмæстдæр, сæ ныхтыл цы нымæ- цæигæс нысæнттæ уыд, уыдонæй, уайтагъд райхъуыст днссаджы зæрдæхцон зарæг. Зазайæн йæ цæстытæ до- пæй айдзаг сты. Æвæццæгæи йæ зæрдыл æрлæууыд: кæддæр, бирæ азты размæ-иу концертон залты куыд бадт йæ хæлæрттимæ æмæ зарджытæм куыд хъуыста„ кафджытæм куыд каст, уыцы хъуыддаг. Морис агуывзæ систа. Сисыи кодта уазджытæи дæр агуывзæтæ æмæ сдзырдта: — Мæ фыд-иу мып арæх кодта, Заза, дæ кой. Æз; 240
мæ фыны дæр уый æнхъæл никуы уыдтæн, фæлæ ныр^ иугæр мын хъысмæт ахæм амонд бахæлар кодта, уæд дзы райгонд уыдзынæн. Мæ фыд дæ стыр ахуыргонд лæг хуыдта. Йæ бон дам уыд æрымысыы æмæ саразын, дунайы дисы цæмæй бафтыдтаид, техникæйы ахæм ногдзинæдтæ. Фæлæ ныртæккæ куыд уынын, афтæмæй нæ дуджы техникæйы алæмæтон миниуджытæ нæ ха- тыс æмæ дæм мæ ныхæстæ уымæн диссаг кæсынц. Дьг мын Лушæйы фенхъæлдтай мæ бинойпаг, афтæмæй та уый, дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр у, мæ космикогс науы цы электрон лæггадгæнджытæ ис, уыдонæй иу — необрот-1-аг. Æз æй «Лушæ» фырбуцæн хонын, æхсыз- гон ын вæййы. Æцæг æддаг бакастæй æрдзон сыл- гоймаджы хуызæн тынг у. Уый та уымæн афтæ у æмæ адæймагæн йæ улæфты, гъе та йæ хæрды рæстæджы иу цавæрдæр фыдуынд робот куы лæггад кæна, уæд уый зæрдæйы æвзæрын кæны цыдæр æнæхцондзинад. Ныртæккæ техникæйы æппæт фадгуыты стыр æрымы- сынадон куыст кæнынц сылгоймæгтæ. Иууыл хъуыды- йыл ифтыгъд кæй сты, уымæ гæсгæ сæ не ’вдæлы æн~ дæр хъуыддæгтæм æмæ æрымысыдысты, æппæтæй дæр- сæхийау рæсугъд æмæ уæздан чи у, ахæм необрот. Ныртæккæ алы куыстуат, айы хæдзар, стæй транс- порты æппæт хуызты дæр адæмæн лæггад кæнынц- иеоброттæ. Уыдон сты иддæг зæндджып, коммæгæс æмæ арæхстджын. Генриеттæ сагъæсгъуызæй бакаст Зазамæ æмæ сдзырдта уæззау хъæлæсæй: — Мах цы бакæндзыстæм ахæм ран цæрынæн?' фæлтау куы аздæхиккам фæстæмæ. — Нæ, Генриеттæ. Фæстæмæ здæхæп дзы нал ис. Кæд æппын ницы, уæд музейон экспоиатæн уæддæр сбæздзыстæм. Адæм уынынмæ цæудзысты нæхимæ* дæрчæмæнæ космикон уæрдонмæ дæр. — Фидарæй- 16. Къæбысты 3, 2411
загъта Заза æмæ агуывзæ бæрзонд систа йæ къухмæ. .Дунейыл кæрæдзи чи бамбæрста, иумиаг зондмæ чи ’рцыд æмæ æрдзы, техникæйы æппæт хъомысад адæ- мæн лæггад кæнынмæ чи сарæзта, уыцы адæм уæла- хиз уæнт: — Уæлахиз уæнт! — æмхъæлæсæй загътой Морис <æмæ Генриеттæ дæр, стæй анызтой сæ агуывзæтæ. Генриеттæйæн, æвæццæгæн, нозтæй йæ зæрдæ ба- мæгуыр ис. Дыууæ ставд цæссыджы æртылд йæ рæ- сугъд уадултыл. Заза йæ фæхатыдта æмæ йын фæтæ- ригъæд кодта. — Генриеттæ, кæд дын зын у, уæд дæхи иуцъус •сыгъдæг уæлдæфмæ аирхæфс. — Зын мын уый у, æмæ тæрсын, миййаг та ацы тыиг размæдзыд адæмы ’хсæн дæр, Æнгæсыл цы уа- вæры уыдтæн, уымæ нуы ’рхауон. — Кæуын хъæлæ- сæй загъта ус. — Цæмæн афтæ зæгъыс, Генриеттæ? — Комкоммæ йæм бакаст Морис. — Афтæ ма ’нхъæл æмæ Æнгæсыл • адæм цы уавæры уыдысты æмæ дзы цы стыр хъуыд- дæгтæ ’рцыд, уыдан зындгонд не сты зæххон адæмæн... Æз ма уын зæгъгæ дæр куы кодтон. — Кæй зæгъын æй хъæуы, дæ мæгуыр фыд сæ фæ- дзырдтаид? — йæ ныхас ын фескъуыдта Заза. — Мæ фыд Æнгæсы царды тыххæй чингуытæ дæр ныффыста, фæлæ, уæхæдæг куыд зонут, афтæмæй мæ /фыды цур нырма Æнгæсы уавæр бынтон æндæр уыд. Адæмы ныры царды тыххæй уымæн ницы йæ бон зæ- гъын уыд. — Æмæ уæдæ уый тыххæй ныр сымах цы зонут? — дисгъуызæй йæ афарста Заза. — Æппæт дæр, — фидарæй загъта Морис. — Зæх- хæн’ ныртæккæ ефирон бастдзинад ис, дун-дунейы цæр- джытæ кæм ис, æппæт уыцы планетæтимæ. Æнгæсы !242
цаутæ тынг цымыдис сты зæххон адæмæн. Уыдои тых- хæи Заза, æддаг планетæты цард ахуыргæнæн акаде- мийы лекцитæ куы кæса, уæд уымæй стыр ахъаз фæ- уыдзæн зонады рæзтæн. Морисы ацы ныхæстæ æхсызгон уыдысты Зазайæн, фæлæ йæ уырнгæ æххæст нæ бакодтой. — Ех, Морис, — арф ныуулæфыд,.— ахæм амонд ма кæм æрхаудзæн мæ хуызæн лæгмæ. Æгæрыстæмæй мын планетæ Æнгæсыл маймулитæн, адæмы цыфыд- дæр знæгтæн лекцитæ кæсыны фадат куы фæцис, уæд- дæр мæхицæй амондджындæр никæйуал æнхъæлдтон. Нырма ме ’мзæххон адæмы, уыдон кæстæр фæлтæры раз искуы лекцикæсæджы уавæры æрлæудзынæн, зæгъгæ, уый мæ нал уырны. — Цæуыл нæ?—ныфсæвæрæджы хуызы бакодта Морис. — Махмæ æндæр æмæ æндæр планетæтæи арæх æрцæуынц лекцитæ кæсынмæ. Уыдон æхсæн пи- куыма уыд, дæуау кæддæр зæххыл чи райгуырд, ахæм. Уымæ гæсгæ, сæ куыст куы бакæнынц, уæд фæстæмæ аздæхынц. Дæуæн æндæр у дæ хъуыддаг. Ды Æнгæсы адæмы цардæй уæлдай хорз зоиыс зæххон адæмы раг- фыдæлты цард дæр. Уый та ныртæккæ зæрдиагæй ир- тасынц-нæ ахуыргæндтæ. Экраныл иу кафт иннæйы ивы, иу зард иннæйы ивы. Генриеттæ сæм ахæм цымыдисæй кæсы æмæ йæ алыварс ныхас цæуыл цæуы, уый дæр нал хаты. Морис æнкъары, зæххон цардæй йæм алцы дæр тынг цымы- дисон кæй кæсы, фæлæ уæддæр Æигæс йæ зæрдыл æх- сызгонæй ма лæууа, уый йæ нæ уырны æмæ йæ афарста: — Генриеттæ, нæ дæ фæнды ныртæккæ экраныл Æнгæс куы фæзыпид, уый? — Ныууадз-ма, цы мæ хынджылæг кæныс, йе уæхс- чытæ ныфссаст æлхъывд фæкодта ус. 243
— Хынджылæг та цæмæн? — комкоммæ йæм ба- каст æмæ иу кнопкæ фелхъывта. Лушæ æрбауад. Иæ сæрæй ныллæг акуывта фынгыл бадджытæн æмæ сдзырдта. — Табуафси, цæттæ дæн лæггад кæнынмæ. — Лушæ, баиу-ма кæн æхсæнпланетæ 0-5-68. — Табуафси, ныртæккæ экраныл уыдзæн æхсæн- планетæ 0-5-68. — загъта æмæ аздæхт. Экраныл фæзынд тынг рæсугъд æрдз. Кæрæдзи ивынц уалдзыгон æрдзы нывтæ. Фæстæдæр фæзынд æвзонг саулагъз чызг. Иуцъусдуг алæууыд, стæй сдзы- рдта. — Уæ бонтæ хорз, зынаргъ телевизормæкæсджы- тæ! Экраныл ис планетæ Æнгæсы централон телеуы- нынад. Ныртæккæ планетæ Æнгæсыл у рагуалдзæг. Рæхджы сæ тæмæны бацæудзысты уалдзыгон хъæу- уонхæдзарадон куыстытæ. Трактортæрджытæ зæрдиа- гæй кусыпц техникæ цалцæг кæныпыл. Бакæсут иу цалцæггæнæн æрмадзы куыстмæ. Генриеттæйы цæсгом цыдæргъуызоп ныррухс. Экраныл разынд егъау æнæфснайд æрмадз. Амы- ты-уымыты пырхытæй лæууыиц трактортæ æмæ æн- дæр кусæнгæрзты хæлддзæгтæ, мазутæйзмæст лæппу- тæ бабырыдысты тракторты бын. архайынц. Фылдæр архайынц къухæй. Морис уыцы нывта^м кæсгæйæ йæ мидбылты кæи худт, уый Заза фæхатыдта æмæ сдзырдта: — Рæхджы уыцы хæлддзæгтæ фестдзысты æфсæн уæйгуытæ æмæ Æнгæсы быдырты фæйлаудзысты сау- мæр сыджыт. — Уый раст у, Заза, фæлæ нырма Æнгæсы адæм дзæгъæлы фыдæбон бирæ кæньпш. Ныртæккæ зæххыл у’ фæззæг, — йæ сахатмæ ’ркаст. — Кæс-ма, æз дьш фенын кæпон куысты иу процесс. 244
Морис фелхъывта иу кнопкæ æмæ экрян фæталынг. Чысыл фæстæдæр срухс. Фæзынд необрот-8. Телеви- зормæ кæсджытæн салам радта, стæй сдзырдта: — Уынын кæнæм фæззыгон хъæууонхæдзарадон куыстытæ. — экр;аныл фæзынд къæдзæх. Къæдзæхы рæбын дæргъæццон агъуыст. Къæдзæхæй вагоны ми- дæг рацыд згъæр. Бахызт агъуысты иу кæронмæ. Уым йæхигъæдæй равдæлон ис æндæр вагонмæ. Дарддæр процесстæ афтæ тагъд ивтой кæрæдзи æмæ афтæ зынд, цыма иуæй иннæйы ’хсæн æппындæр рæстæг нæ хъуыд. Цалдæр уысммæ агъуысты иннæ кæронæй ахызт тынг егъау комбайн. Æппындæр лæугæ неркодта, афтæмæй араст быдырмæ. Балæууыд иу кæрдипаг хуымы кæ- рон. Чысыл фæстæдæр æм æрбацыд цалдæр машинæ- йы. Æрлæууыдысты æндæр æмæ æндæр кæхцгæндты раз. Комбайн куыд цыд, афтæ машинæтæ дæр. Иу гуыффæмæ уайтагъд кæльш байдыдта зыгуым, иннæ- мæ цъæмæл, цалдæр машинæмæ та калд æндæр æмæ æндæргъуызон ссад. — Комбайнæн йæ мидæг куы иичи зыны, — бадис кодта Заза. — Куы§ цæуы, иауæд кæдмæ афтæ фæ- цæудзæн? — Уымæн йæ фæндаг æмæ йæ хæстæ сты дырысæй хынцыдгонд. Йæ хъуыддаг конд куы фæуа, уæд бацæу- дзæн æндæр заводмæ. Уым хынцæн машинæтæ зоныпц, ахсджиагдæр цы мигæнæн хъæуы, уый æмæ йæ уыцы фæндагыл бафтаудзысты. Заза ма хъуамæ истæмæйты бафарстаид, фæлæ эк- ран ахуыссыд. Машинæ цыма, йæ цæуынæй æрæнцад... — Æрхæццæ стæм, — загъта Морис æмæ сыстад. Космодром уыд уæлдæфы. Алырдыгæй йæм уæлдæ- фон фæндæгтыл цыдысты æмæ фæстæмæ здæхтысты, Заза йæ фыны дæр кæй никуы федта, ахæм хæрзвæ- лыст трамвайтæ. Фæлæ йæм иууыл диссаг та уый фæ- 245
каст æмæ цыдысты æиæ хъæлæбайæ. Уыцы стыр змæлд афтæ æнæсыбырттæй кæй цыд, уымæй Заза ис- дуг тæрсгæ дæр фæкодта. — Ау, цавæр -машинæтæ сты; — фæрсы Морисы. —■ Æппын уынæр куы нæ кæныпц? — Уынæр чи кодта æмæ уæлдæф алыгъуызон хъылма газтæй чи сæфта, уыцы машинæтæ адæмы æнæниздзинадыл æвзæрæрдæм зындысты æмæ ба- куыстгонд æрцыд, электроны тыхæй æнæсыбырттæй чи кусы, ахæм машинæтæ. Уый бирæ фенцондæр код- та адæмы цард æмæ куысты уавæртæ. ЗаЗа каст фæйнæрдæм. Кæм æрхызтысты, уый уыд тыпг егъау æмæ æвæджиауы рæсугъд горæт. Адæм уыдысты хъæлдзæг æмæ цæрдхуыз. Уæлдæф уыдис сыгъдæг. Фындзы хуынчъыты рæвдыдта дидинджыты æхцон тæф. Заза, сабиау, цин кодта йæ райгуырæн, йæ мадæлон зæххы уындæй. Морис æй зонгæ кодта алыгъуызон адæймæгтимæ. Уыдонæн æхсызгон уыд, æидæр планетæйыл уал сæдæ азы чи фæцард, уыцьг адæймаджы уынд. Зæрдиагæй йæ хуыдтой, цæмæй алы куыстуаты дæр лекци бакæса Æигæсы царды тых- хæй. Заза æрмæст йæ сæр тылдта, æндæр йæ бон фыр- цинæй дзурын нæ уыд. 1968—1969.
СÆЙРÆГТÆ Авторæй 3 Пролог 5. Ног сыхаг 6 Фыццаг хай Балц æнæзонгæ дунемæ 15 Чи кæмæй равзæрд . . . . . . 107 Ширмайы дыккаг фыдракæндон мп маймулиты ныхмæ 108 «Хабæрттæ фронтæй» 109 Фæсыкк космосы 110 Дыккаг хай Цард ивы йæ хуыз . 17& Ширмайы ныстуан зæххон адæммæ .... 232:
Заур Захарович Кабисов ПОСЛЕДНЯЯ ОБЕЗЬЯНА (роман на осетинском языке) ’З^^Ь^БОСГО ЭбОЭЗБО Редактор Л. П. Харебов Художник X. Н. Кокоев Худож. редактор А. Д. Ванеев Техн. редактор А. И. Наниева Корректор Д. С. Кумаритова Сдано в набор 4/У 1977 г. Подписано к печати 17/У1 1977 г. Заказ № 1077. Учет.-изд. л. 9,4. Усл.-печат. л. 10,85. Формат бумаги 70х1081/з2- ЭТ 00931. Тираж 2000 экз. Цена ^0 коп. Издательство «Ирыстон», г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Юго-Осетинское областное полиграфическое производственное 1 объединение Госкомиздата ГССР, Цхинвали, Московская, 5.