Text
                    «ИРЫСТОН»


УАЦМЫСТÆ Уацаутæ, радзырдтæ, афоризмтæ æмæ цыбыр хабæрттæ Чиныг сарæзта æмæ йæ мыхуырмæ бацæттæ кодта Харебаты Леонид РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН» ЦХИНВАЛ 1987
СÆРГÆНДТÆ Бæлццоны фыстытæ (Гæззаты С. тæлмац) 5 Уый дæр адæймаг у?! (Пухаты П. тæлмац) 28 Отараты ндæдз (Дзаттиаты Г. тæлмац) 121 Мæгуыргуры радзырд (Гæззаты С. тæлмац) . . . . 197 Ауындзæн бынат (Хæныкъаты Н. тæлмац) 286 Афоризмтæ (Харебаты Л. тæлмац) ..,...* 303 Цыбыр хабæрттæ (Харебаты Л. тæлмац) 313 Илья Чъавчъавадзе æмæ ирон æхсæнад (А. Цотниашвили) . 316 Чавчавадзе Илья Григорьевич ПРОИЗВЕДЕНИЯ (повести, рассказы и афоризмы на осетинском языке) Рисунки Г. В. Догузова Оформление А. Д. Ванеева Редактор Л. П. Харебаты, Художественный редактор А. Д. Ванеев, Технический редактор А. И. Наниева, Корректор М. П. Чибирова, Наборщик В. В. Тедеев. Сдано в набор 25. XII 1986 г. Подписано к печати 10. IV 1987 г. Формат бумаги 84х1087з2- Усл. печ. л. 18. Усл. кр.-отт. 18. Учет.- изд. л. 16,84. Заказ типографии №364. Тираж 2000 экз. Цена 2 руб. 30 коп. Издательство «Ирыстон», 333570, г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Юго-Осетинское областное полиграфическое производственное объединение Госкомиздата ГССР, 383570, г. Цхннвали, ул. Московская, 5. Илья Чъавчъавадзе. Уацмыстæ. Радзырдтэе, уацаутæ, афоризмтæ æмæ цыбыр хабæрттæ. Рауагъдад «Ирыстон», 1987 аз. Цхинвал. 704030000 ЧЪ М 622 (06) -87 52-1987 Издательство «Ирыстон», 1987.
БÆЛЦЦОНЫ ФЫСТЫТÆ (Дзæуджыхъæуæй Тифлисмæ) I Райсомы æхсæз сахат куыддæр сыххæст ис, афтæ, дысон цы уазæгдоны бафысым кодтон, уый размæ æр- балæууын кодта уырыссаг æнæхсад æмæ æнæсæрфаст «ямщик*» посты повозкæ**. Уый уыд Дзæуджыхъæуы. Диссаг у! Куыд диссаджы рæсугъд вæййы ацы «ямщи- кы» гуылмыз цæсгом уырыссаг нывгæнджыты нывты мидæг, ставд бæрзæйджын, уый зивæггæнаг æмæ уæгъ- дибар ахаст æмæ цахæмдæр æнæадæймагон, стурон фез- мæлд. Цæй бæрц хорз у уыцы ныв, уый бæрц дывæрæй æлгъаг у æцæгæй! Фæлæ фæзæгъынц: «И дым отечества нам сладок и приятен». Фæздæджы адджындзинады тыххæй уын цы зæгъон, фæлæ уын йе ’хсызгондзинады тыххæй банысан кæндзынæн уый, æмæ фæздæг уæлдай æхсызгон вæййы уæд, æмæ нын нæ цæстытæй цæссыг- тæ куы фезгъалын кæны. Мæхи куы рабæлццонæввонг кодтон, æмæ повозкæ- йыл куы баппæрстон мæ сæракын иуцæстон хордзен, раст чысыл тыхтоны йас йеттæмæ чи нæ уыд, уæд баз- Дæхтæн, æрæджы цы францаджимæ базонгæ дæн, уы- мæн хæрзбон зæгъыны сæраппонд. Ацы^ повозкæ кæй æрымысгæ у? — бафарста мæ францаг, йе ’нгуылдзæй посты повозкæйы ’рдæм фæца- монгæйæ, йæ уæлæ бадгæйæ рæдзæ-мæдзæ кодта æр- Дæг-фынæйæ ямщик, афтæмæй. * Ямщик — бæхтæрæг. Повозкæ — цыппæрдзæлхыг. 5
— Уырыссаджы, — дзуапп ын раттон æз. — Æнхъæл дæн, адæмтæй ничи схъаугъа кæндзæн уырысимæ уый æрымысыныл. Тæригъæд уын кæнын æз сымахæн, æндæр гæнæн уын кæй нæй, уымæн, уæ сæры магъз слæхъуг кæныны æмæ уæ хуылфы дзауматæ сцæгъдын кæнынæй дарддæр. — Цы кæнæм? Кæд æмæ æгас Уæрæсе ууыл фæцæ- уы, уæд ма мæныл цы хъуамæ æрцæуа? — Уæдæ дард дæр уымæн нæ ацыди! Цæй рæст- вæндаг фæут. Раст уын куы зæгъон, уæд æз мæ сæр ни- цæй тыхæй рауæлдай кодтаин, цæмæй ууыл сбадтаин. Хæрзбон! Кæд-ма искуы миййаг фембæлæм, уæд-иу, уæ хорзæхæй, ма ферох кæнут, зонгæ кæй стæм, уый. Ацы ныхæсты фæстæ мæм хæрзбоны сæрæппонд йæ къух авæрдта æмæ мын мæ къух афтæ фидар ныл- хъывта, æмæ æрмæстдæр афтæ европæйæгтæ куыд кæ- нынц. Бабадтæн повозкæйыл. «Ямщик» мæм хъуынтъыз æрфыгæй æрбакаст, стæй рохтæ æрбайста йæ къухтæм, йæ мæллæг бæхтыл йæ былтæй, «мцъы, мцъы» бакодта æмæ сæм ехсæй фев- зыста, фæлæ бæхтæ сæ хъустæ дæр нæ фæтъæбæртт кодтой. «Ну, чо-о-рт, трогай што-ли!» — фæхъæр кодта бæхтыл, ноджы рохтæ нытылдта æмæ йæ къæхтæй ныг- гуыпп-гуыпп кодта. Ды дæр мын ма амæлæй, бæхтæ сæ мидбынатæй дæр нæ фезмæлыдысты. Мæ хæлар фран- цаг худæгæй скъуыдтæ кодта, фæрссагæй нæ. митæм йæ хъус даргæйæ. Цæуыл цин кодта, уыцы æдылы? — Æнæхъæн Уæрæсе ууыл фæцæуы уæдæ? Ха-ха- ха! — худтис уый, — ууыл фæцæуы? Чи ма йæ аййаф- дзæн! Æцæг хъæлдзæг митæй мæнмæ ницы уыди, фæлæ уæддæр бахудтæн æз дæр, «ямщик» ’мæм хъуынтъызæй æрбазылдта йе стыр цæстытæ, æмæ мæм раст мæсты стурау ирд цæстæй нымдзаст. Стæй та, йе ставд бæр- зæй нытынггæнгæйæ, азылдта йæ бæхты ’рдæм æмæ сыл иу дыууæ аныхæста ехсæй. Бæхтæ куы базыдтой, зæгъ- гæ, дзы æндæр фæрæз нал ис, уæд сцъыллынджытæ æмæ сзæвæтдзæгъдæн кодтой, æмæ, боны фæстагмæ, фезмæлыдысты сæ бынатæй, азгъордтой, сæппæй. Ан- къуыст нæ повозкæ, æнæсæрфат дзыгъал-мыгъул код- той фæсус мырмырæгтæ, повозкæ дуртыл гæппытæ код- та, куы мæ иуырдæм цагъта, куы та иннæрдæм. 6
II Ацы уавæрты ахицæн дæн Дзæуджыхъæуæй æмæ ме ’ргом мæ райгуырæн бæстæйы ’рдæм сарæзтон. Тер- чы хидыл афтæ рахызтæн æмæ Терчы донæй нуазгæ нæ, фæлæ йæм кæсгæ дæр нæ фæкодтон. Тарстæн, зæ- гъын, миййаг Терчы донæй чи банызта, уыдонæй мæ куы фенхъæлой мæн дæр. Терчы донæй чи банызта, уы- дон, куддæргомау, нæ цæуынц нæхи гуырдзиæгты зæр- дæмæ, æхсызгон сын нæ вæййы уыдон уынд. Æмæ уый тыххæй уыдонæн иттæг хорз æфсон ис: фыццаг дæр уый тыххæй сæ зæрдæмæ нæ цæуынц уыдон, æмæ Тер- чы донæй чи банызта, уыдон сты æцæг дæр, Терчы до- нæй чи банызта, уыдон; дыккаг уый-тыххæй... Уый тых- хæй æмæ дыккаджы дæр сты адæм, Терчы донæй чи банызта, ахæм, æртыккаг та уымæн... Уымæн... Уымæн æмæ уыдон, æртыккаджы дæр Терчы дон баназджытæ сты. Цæй æмæ ныр ды уый хуызæн æрхъуыдыйаг æф- сон æцæгдзинадæй фехал нæ хæлд гуырдзыйæн. Ох, сæфинаг Терк! Куыд æдзæсгом разынди! Бакæс ма йæм, куыд æрсабыр ис. Растдæр нæм йæ чъылдым куы фездæхта, йæ цæсгом та Уæрæсемæ. Куы рахызт фæзтæ æмæ уæрæх быдыртæм, уæд уайтагъд йæ бæгъа- тыр хъæлæс цыдæр фæци. Нæ сæлхæр Терк Дзæуджы- хъæуы цур ахæм нал у, поэт кæй тыххæй загъта: «Терк ызгъоры, Терк нынниуы, Уымæн къæдзæхтæ хъырнынц»... Ам афтæ^ æрчырыстон, афтæ æрсабрр, цыма ахъаз- заг над баййæфта, кæнæ йын егъау чин раттой. Фæлæ, чи зоны^æвæдза, уымæн басабыр ис æмæ нал хъула кæнынц йæ алы фарс уымæн хъырнæг айнæгриу къæ- дзæхтæ, кæцы «Къæдзæхты риутыл æврæгътæ Сауæй уырдыгмæ æнцайынц Æмæтызмæгæй дунемæ Фесæфыны цæст фæдарынц». Фæлæ боныфæстагмæ, додойаг фæдæ, мæхи Терк! ^ы> ме фсымæры хай, иуæй-иу лæгау, кæдæм бацыд- нæпуырдыгон ХУД ныккодтай. Тæригъæд нæу, дæ арвы РДау нæрын, дæ бæгъатыр унæр, де знæтдзинад æмæ 7
æнæрынцойад, де ’видигæ тох хауæн былтимæ, кæдзæх- тимæ, афтæ, цыма де стыр монцæн иттæг къуындæг у ацы уынгæг хуыссæн. Бирæ æнкъаринæгтæ ис, не ’нæ- сæттон Терк, дæ уæлахизуæвæг æмæ æхсарджын цыды. Фæлæ ам та ды ныхъхъус дæ састгонд æмæ æууæрст фæранкау. Тæригъæд дæ æмæ тæригъæды цæуыс. «Гъе, а-бæстæ, цы диссаг дæ, цы нæ зилыс, цы низ дæ ис?» Æмбисбон уыд, Ларсы станцмæ куы ’рбахæццæ дæн, уæд. Ларсы онг ницы æхсызгондзинад райста мæ зæр- дæ уымæй дарддæр, æмæ цас æввахсдæр кодтон мæ райгуырæн бæстæм, уыйас алфæмблай æрдзыл мæ бæ- стæйы хуыз фылдæр бæрæг зындис, уый бæрц фыддæр тызмæг æмæ знæт уыди Терк. Бацыдтæн станцы афтид хатæнмæ. Цай цымын мæ æрхъуыдис, æмæ иу æнæкъах салдатæн, кæцы фæстаг- мæ разындис станцы хъахъхъæнæг, самовар сывæрын кодтон. Цалынмæ самовар æрбахастаиккой, уæдмæ æр- хуыссыдтæн фæйнæгыл, астæрд тъахтъийыл* æмæ арф хъуыдыты афардæг дæн. Цыппар азы сыххæстис, æз Уæрæсейы куы цардтæн æмæ мæ райгуырæн бæстæйы кæй нал федтон, ууыл... Цыппар азы!.. Зоныс, чиныг- кæсæг, ацы цыппар азы цахæм цыппар азы сты?! Фыц- цаджыдæр уый, æмæ уыдон сты æнæхъæн æнус уымæн„ йæ бæстæйæ дард чи фæцыдис; дыккаджы та уыцы цыппар азы сты царды бындур, царды суадоны гуырæн, сты æрдуйын хид талынг æмæ рухсы ’хсæн амондæй æвæрд. Фæлæ миййаг алкæй тыххæй нæ, æрмæст уыдон тыххæй, æмæ Уæрæсемæ чи ацыд йæ зонд сфæлтæрьш кæна, йæ магъз æмæ йæ зæрдæйæ змæлынад ратта, къахыл сæ ацæуъш кæна. Уыдон уыцы цыппар азы сты, кæцы-иу æвзонг адæймаджы зонды æмæ зæрдæйы бал- хынцъ кæны царды къуыбыр. Ацы къуыбыр та уыцы къуыбыр у, кæцыйæ-иу райрæзы рæсугъд, тæмæнтæ ка- лæг сæнæфсиры цупал дæр æмæ дзæгъæлдзуйы æнæ- пайда цупал дæр. О, сыгъзæрин цыппар азы! Тæхуды уый къона, де скæнгæ хид кæй къæхты бын нæ ныс- саст, тæхуды уый кърна, аккаг æгъдауæй дæ чи спайда. кодта. * Тъахтъи — сынтæг. 8
III Куыддæр Дзæуджыхъæуæй рахызтæн æмæ мыл нæ бæстæйы уæлдæф аныдзæвд, афтæ бынтон æндæргъуы- зон байдыдта мæ зæрдæ гуыпп-гуыпп кæнын. Повозкæ- мæ-иу дуртыл гуыппытæкæнгæйæ, куы сцагъта, уæд-иу мын мæ хуыздæр хъуыдытæ апырх кодта, фæлæ ныр станцы хатæны ’тъахтъийыл куы адæргъ дæн, нæ фы- дæлтæ куыд кодтой, афтæ, уæд, хуыцау дын ахъаз ра^ кæнæд, æз бынтондæр хъуыдытæн куыд раттон мæхи æмткæй. Мæ зæрдыл æрбакъорд сты, цыдæриддæр ныу- уагътон мæ рæсугъд, чындзау, фæлыстгонд райгуырæн бæстæйы, цыдæриддæр федтон, цы фыдæбæттæ баййæф- тон, бавзæрстон æмæ базыдтон, уыдон. Бирæгъуызон" хъуыдытæ иумæ хæццæйæ мæ цæсты раз æрбалæууы- дысты, фæлæ. арвырттывдау, иу хъуыды ивта иннæйы: афтæ, æмæ дзы сæ иуыл дæр иу уысм ахъуыды кæнын мæ бон нæ бацис. Иу цыбыр ныхасæй, мæ сæры магъзы æрцыдис æнæхъæн революци: бынæй æвæрд хъуыдытæ* сленк кодтой уæлæмæ, уæлийæ æвæрд хъуыдытæ ацы- дысты бынмæ. Тæрсгæ ма фæкæн, чиныгкæсæг, дзырд «революцийæ!» Революци æрсабырдзинады гуырæн у. Æппæт афтæ у æгас дунейыл дæр: сæн хъуамæ раздæр* фæранхъиз-банхъиз кæна, сызмæст уа æмæ стæй æр- рæсугъд вæййы. Ахæм уавæры уыдтæн. Æвиппайды иу хъуыды мæ сæрæй мæ къæхты бынмæ æрвырттывдау ауади. Фыц- цаг хъуыдийы фæдыл фæзынди дыккаг, дыккаджы фæ~ дыл æртыккаг æмæ мын фæстагмæ иууылдæр иу вазыг- джын æмæ фæд-фæдыл цыд здыхтад фестадысты. Куыд. фембæлдзынæн мæ райгуырæн бæстæйыл æмæ мыл уый иæхæдæг куыд фембæлдзæн, ахъуыды кодтон æз. Ног цы зæгъдзынæн æз мæ бæстæйæн æмæ цы зæгъдзæн иæхæдæг мæнæн? Чи зоны: уæд та мæм мæ райгуырæн оæстæ йæ чъылдым фездæхта, куыд æцæгæлон мæрыл сагъд æмæ схъомылгондмæ? Чи зоны æмæ мæм йæ чъылдьщ дæр нæ фездаха! Чи зоны æмæ мæ исгæ дæр акæна, уымæн æмæ*мæнмæ ис уæддæр æмæ уæддæр мæ р игуырæн бæстæйы æнхъизæнæй, фæлæ ма уæд цы к^!!0Н,оМæ РайгУырæн бæстæ мын йæ зæрдæ куы раргом куы Иæ М^Т) Йæ XЪЬIГ, йæ цин' йæ НЫФС» кæнæ мын та йД^УРа Нæ ныФссастДзинаДы тыххæй, æмæ йын æз йæ н ВЗЭГ оФеРох К°ДТ0Н æмæ йын куы нæ бамбарон ы^ас, йæ дзырдтæ? Чи зоны æмæ мæ исгæ дæр 9^
■акæна, æмæ куыд йæ хъæбулы, йæ риумæ мæ балхъива æмæ мæм зыдæй байдайа хъусын. Фæлæ мæнæн мæ бон -суыдзæнис æмæ уымæн зæрдиаг ныхас зæгъои æмæ уы- цы ныхасæй растыны ныфс раттон сæйæгæн, кæуæгæн -асæрфон йæ цæссыг, фæллойгæнæгæн фæрогдæр кæнон йæ фыдæбон æмæ уыцы иугай стъæлфæнты, кæцытæн нæй гæнæн æмæ алы адæймаджы дæр ма уой нуæрст, уыдон иумæ бамбарын кæнын? Фаг тыхтæ ма мæм ра- зыидзæн? Фаг сты мæ тыхтæ, цæмæй йын æнцон, æм- барæп ныхас зæгъон? Боны фæстагмæ банцадтæн ууыл, æмæ мæ айсдзæн мæ райгуырæн бæстæ, бахион мæ кæндзæп, уымæн æмæ æз йæ туг, йе стæгæй дæн; уы- мæн йе ’взаг дæр æмæ йæ ныхас дæр бамбардзынæн, уымæн æмæ райгуырæн бæстæйы ныхасмæ, райгуырæн бæстæйы фырт хъусы æрмæст йæ хъусæй нæ, фæлæ йæ зæрдæйæ дæр, кæцыйæн сусæгдзинад’ дæр æнцон æм- барæн у. Мæ ныхас дæр ын бамбарын кæндзынæн, уы- мæн æмæ йæ хъæбулты ныхас мад алы хатт дæр фем- бары, фæлæ æппæт цы дзурын, уыдон хауынц дзырд- тæм, афтæмæй та хъуыддаг ис хъуыддаджы мидæг. Дæ бæстæ дæ хъуыддаг куы ’рдома, уæд цы зæгъдзынæ? — бафарстон мæхи æмæ фæгуыппæг дæн. Æз æнкъард- тон, уыцы фарст мын кæй фæурæдта, уæддæр, кæуыл дзырдтон, уыцы хъуыдыты бирæ хуызджын здыхтад. — Æмæ æцæг дæр, цы хъуамæ бакæнон? — хъæрæй загътон мæхицæн. — Цай хъуамæ ацымат, — дзуапп мын ратта стан- цы хъахъхъæнæг, кæцы уыцы рæстæджы æрбахаста ми- дæмæ фыцгæ самовар æмæ йæ æрывæрдта фынгыл. — Цай зæгъыс!.. — Самовар мын уый тыххæй нæ сывæрын кодтай, уæдæ? — дзуапп мын ратта æдылы хъахъхъæнæг æмæ рацыдис уатæй. — Цалдæр уысмы фæстæ та дуар ногæй æрбайгом ис æмæ дзы æрбазындис иу цахæмдæр афицеры сæр. Иæ цæсгомы ахаст æвдисæн уыдис, ацы адæймаг сæн æмæ арахъимæ иттæг æввахс зонгæ кæй уыдис. Бакæс- гæйæ, иу æртын аздзыды хуызæн зындис, йæ уæлæ бæ- рæг уыд, уый бæлццон адæймаг кæй нæу. — Бар мын раттут, — загъта мын уырыссагау, — мæ- хи уын базонгæ кæнон: цытджын ут, æз дæн подпору- ^чик* №. Вæййын ам, Ларсы, мæ бæрны ис ротæ. * Подпоручик — паддзахы заманы æфсæддон командир. ао
— Иттæг æхсызгон мын у, — дзуапп ын радтон æз, сыстадтæн æмæ йын райстон йæ ралæвæрд къух. — Кæцæй цæут? — Петербургæй. — Иттæг æхсызгон мын у! Мæ циндзинад у æрмæст- дæр ацы сæрсæфæн раны ахуыргонд бæстæтæй бæлц- цæттыл фембæлын. Лæг, кæцы цæры хъуыдыйы ’руа- джы, хæсджын у хуыцау æмæ адæмы раз æмæ-иу фем- бæла ахуыргонд адæмтимæ, цæмæй йæ зонд ма ныкъуы- мых уа. Иттæг æхсызгон мын у! Ныхас зонды хæлц у. Уыдæттæ зæгъыны фæстæ та мæм ноджы йæ къух радаргъ кодта æмæ та йын æй æз дæр райстон. — Цымæ, уæ хорзæхæй, уæ куысты гъæд цавæр уы- дзæни? — бафарста мæ уый. — Иу хъæзныг сомихаг базаргæнæджы приказчик* дæн. — Приказчик зæгъыс... — загъта æмæ йæ былтæ сы- счъил кодта. — Раст афтæ у, æлдар! Уый фехъусгæйæ, мæ ног базонгæ тæккæ уыцы са- хаты йæхи барджыны хуызæн фæкодта, йæ уæхсджы- тыл схæцыд æмæ раздæр куыд цытджын æгъдау лæ- вæрдта, йæ ныхасы, уый ныр цæхгæр фæзылдта. — Кæцæй цæуу-у-т?! — бафарста мæ дисгæнгæйæ, æгæр стæмæй, хынджылæджы фарст мæ акодта ноджы дæр. — Петербургæй. — Ие, — бахудти афицер, — Петербургæй, хорз у, аккаг кæй систут Петербурджы уæ цæстæй фенынæн. Петербург иттæг хорз горæт у, — загъта æмæ уæгъди- бар ахастæй æрбадти бандоныл: — Петербург? О, о егъау горæт у Петербург. Иттæг стыр горæт у! Уе взæр чысыл горæты хуызæн куы нæ у миййаг. Уæ Тифлис дæр горæт æнхъæлут? Иæ иу кæронæй куы ату кæнай, уæд ту иннæ кæронмæ ахаудзæн. Петербург та... ^ымах куы федтат, цахæм у Петербург? Уæрæсеийы зæрдæ у. Æцæг ныры онг æппæт Уæрæсе афтæ не нхъæлдта, цыма йæ зæрдæ Мæскуы у, фæлæ æз Уæрæ- сеиæн апырх кодтон уыцы мæнг æмæ æнæзонд хъуы- æз РУРæг Уæ Дæн æмæ мæ куыд зонат. Фыссæг дæн • ^ымах мæм афтæ ма кæсут. Æз сбæлвырд кодтон пРиказчик —дуканийы уæйгæнæг. 11
Петербург кæй у æппæт Уæрæсейы зæрдæ. Излеры бæ- ласдон федтат, миййаг уым? Байхъуыстон ацы афицермæ æмæ мæхинымæры хъуыды кодтон, кæд, миййаг, ферра ис, зæгъын, фæлæ йыл уыцы æдылы ныхæстæй дарддæр ницы фæфиппайд- тон. — Уæдæ федтат æви нæ сымах Изрелы дыргъдон? — бафарста мæ ноджы уый. — Куыд уæ бон баци сбæлвырд кæнын, Петербург Уæрæсейы зæрдæ кæй у, уый? — бафарстон æй æз, йæ* фæстаг фарстæн ын дзуапп нæ ратгæйæ. — Нæ, нæ, сымах уал мæнæн зæгъут: сымах Изрелы дыргъдон федтат æви нæ? Сымах, ардыгæттæ, цæвит- тон, гуырдзиæгтæ æмæ сомихæгтæ, нæ фæцахуыр стуг зонадон æвзагæй дзурыныл, æмæ уый тыххæй иу ныхзс æнæфæугæйæ, асхъиут иннæмæ. Лæгъз æмæ фæд-фæдыл æгъдауæй нæ зонут хъуыды кæнын. Уый, кæй зæгъын’ æй хъæуы, уæ талынгдзинады аххос у, æнхъæл дæн,. сымах зонгæ дæр нæ кæнут — циу цивилизаци, ассоциа- ци, аргументаци, интеллигенци, кассаци æмæ филологи. Фæлæ уый ницы кæны, уый цæугæ низ у! Сахуыр уы- дзыстут сымах дæр... Табу хуыцауæн, Уæрæсейæ ар- дæм бирæ афицертæ æмæ чиновниктæ* æрцæуыиц, цæ- мæй уæ рухсмæ ракæной. Нæ фæлæ уал мын уæддæр зæгъут, Изрелы дыргъдон федтат, æви нæ? Кæд уый нæ федтат, уæд Петербург дæр нæ федтат! — Федтон æй. — Федтат æй? Уæд ахуыргонд адæмы рæнхъы уæ къах æрывæрдтат иыр. Иттæг æхсызгон мын у, иттæг æхсызгон Изрелы дыргъдон? Цы хуызæн дыргъдон у, йæ? Фейаты** цæрæндон дзæнæт, æцæг, йе, уый у, йе! Фейа циу, уый зонут? Уый зонадон ныхас у, миййаг æи кæд кæ зонут. Хуымæтæджы æвзагмæ йæ куы ратæл- мац кæнæм, уый уæд нысан кæны æмæ уыцы дыргъдон йемыдзаг у рæсугъдцæст сылгоймæгтæй. Фæнды иуы ныддæларм кæн, фæнды иннæйы. Ие, рухсадæн йæ бон уыйас у, йе. Сымах сылгоймæгтæ та куыддæр нæлгой- мæгты ауынынц, афтæ æмбæхсынмæ фæвæййынц... Нæ, Петербург. Стыр горæт у, иттæг рухсад рацæугæ го- рæт у, Изрелы дыргъдон та рухсады апп у, ахæм дыргъ- * Чиновниктæ — зæронд заманы паддзахадон уагдоны службæ- гæнджытæ. ** Фейатæ — аргъæутты рæсугъд чызджытæ. 12
яон у æмæ «мцъ» — уыцы ныхæстæм ахуыргонд афицер апъа кодта йе ’нгуылдзтæн. — Мæн ныфс ис æмæ ацы самовар ацы фынгыл сы- мах тыххæй лæууы. — Уæ ныфс уæ нæ фæсайдта сымах. — Мæи ныфс ис æмæ сымах куыд ахуыр бæстæйæ .æрыфтгæ адæймаг, мæн дæр фæуазæг кæндзыстут уæ :цайæ. — Уыцы ныфс дæр уын нæ фæмæнг кæндзынæн. — Кæй зæгъын æй хъæуы, ром дæр нæм уыдзæн. — Уый тыххæй мын бахатыр кæнут. — Уый мæгуырау нысан у. Сымах гуырдзиаг стут <æви сомихаг? — Гуырдзиаг. — Иттæг æхсызгон мын уыдис, гуырдзиаг кæй стут. .Æцæг нæхи Лермонтов афтæ зæгъы: «бежали робкие грузины», фæлæ уæддæр гуырдзиæгтæ хуыздæр стут уыцы пойтæй*. Тамако уæм уыдзæнис, кæй зæгъын æй хьæуы. — Ис. — Ныфс мæ ис фæуазæг мæ дзы кæндзыстут. — Уæ хорзæхæй, стыр æхсызгонæй, айсут. — Цæй, уæдæ, сымах цай æркæнут, æмæ стæй рай- дайдзыстæм зонадон ныхæстæ, æцæг у сымахæн зын- гомау уыдзæн зонадон ныхас бамбарын, фæлæ уын æз ранæй-рæтты зонадоп дзырдтæ тæлмац кæндзынæн хуы- мæтæджы æвзагмæ æмæ уын ахæм æгъдауæй фенцон- дæр кæндзынæн зонадон ныхас бамбарын. Æз цай æркодтон æмæ йын иу агуывзæ рывæрд- тон йæ разы. Цайæ куы ахуыпп кодта^, уæд йæ тамако- йы фæздæг скалдта æмæ байдыдта дзурын. — Уæ бæстæ зонадон æвзагыл куы зæгъон ахуыр- тонд нæу, ома хуымæтæджы æвзагæй йæ куы зæгъæм, уæд æнæахуыргонд у. Бамбæрстат мæ? — Иттæг хорз. Æз уын куы загътон фенцон уын кæндзынæн, зæ- гъын, зонадон ныхæстæ бамбарын. Уæдæ райдайдзы- стæм уымæй, æмæ уæ бæстæ ахуыргонд нæу, ома, æнæ- ахуыргонд у. Ацы цай мæскуыйаг хъуамæ уа? ^æ^ Ставраполы йæ балхæдтон. Уый Уæадай нæу! Еныр райдайæм, æрдæбон куыд ътон, уырдыгæй æмæ уæ бæстæ рухсдзинадæй цух Пойтæ — сомихагау фæзмгæ дзырдæй. 13
у. Уый уый нысан кæны, æмæ уæ бæстæ у талынг. Æм- барут æй? — Иттæг хорз. Уæдæ кæд мах райдыдтам уымæй, æмæ уæ бæстæ рухсдзинадæй цух у, уæд уый дæр хъуамæ зæгъæм, рухсдзинад цавæр у. Æз уын уый бамбарын кæндзы- нæн цæвиттонæй: уæ цæстыты раз æрбалæууын кæнут талынг хатæн. Æрбалæууын кодтат? — Æрбалæууын кодтон. — Нæ, чи зоны уын дзы искуы иу фæрсаг æнæхгæ- дæй баззади, уæд ахгæнут уый дæр. — Ахгæдтон æй, — дзуапп ын радтон æмæ мæм ху- дын æрцыд. — Иттæг хорз! Кæд сыхгæдтат уыцы фæрссаг, уæд ыл æруадзут фæрссагæмбæрзæн дæр. — Æруагътон æй. — Фæрссагæмбæрзæн дæр кæд æруагътат, уæд ха- тæн дæр нытталынг уыдзæнис, ницы уал фендзыстут. Æвиппайды йæм æрбахастой цырагъ, ныррухс ис уат, рухсад дæр уый у. Раст уын зæгъон, нæдæр ацы па- пирос у мæгуырау. Æвæццæгæн петербургаг у. — Нæ, Дзæуджыхъæуы сæ балхæдтон. — Уый уæлдай нæу. — Ныр бамбæрстат рухсдзинады нысаниуæг? — Иттæг хорз. — Ныр уын рухсады нысаниуæг кæм бамбарын код- тон, уым мæ фæнды иу цæмæйдæр уæ афæрсон: сымах- мæ цивилизаци куыд цæуы? — Уый тыххæй уын ницы мæ бон у зæгъын. Æз ра- гæй нал уыдтæн мæ райгуырæн бæстæйы. — Уый ницы кæны, æз æй ныртæккæ рабæрæг кæн- дзынæн, куыд цæуы, уый: цыма сымахмæ, гуырдзым генералтæ уыдзæн? — Чизоны иу ссæдзы онг дзы æрымбырд уа. — Цы дам, ссæдзы онг, дам... Йе, йе, уый стыр хъуыддаг у, — сдзырдта стыр æхсызгонæй нæ ахуыр- гонд афицер. — Сеæдзы онг, дам!.. Ацы иу армыдзаг адæмы ’хсæн æмæ ссæдз генералы?.. Уый уæм, мæ хæлар, стыр циви- лизаци куы ис. Ничи сæм кæсы, ссæдз онг генералтæ! Нæ мæ уырны. Чи зоны сымах, ахуыргондты æвзагæй куы зæгъæм, уæд действителни стацки советникты дæр- æцæг генерæлттыл нымайут, ома хуымæтæджы æвза- гæй дзургæйæ, æнæэполетджын генерæлтты, кæнæ но~ 14
пжы амæй хуымæтæджы æвзагæй зæгъæм, æнæ рихиг генерæлтты æцæг генерæлттыл нымайут? Æнæмæнгæй афтæ уыдзæн. — Нæ, сымах мын цæрат, — расомы иын кодтон æз- дæР)_сымах мын цæрат, æз уын æцæг генерæлтты тых- хæй дзурын. — Ссæдзы онг æцæг генерæлттæй? Хуыздæр фæу. Растуырнæг Уæрæсе? Цыт æмæ дын кад! Йæ къах кæ- дæм бавæры, уым цивилизаци æрфидар кæны. Æдып- пæт цал азы у, уырыс ардæм куы ’рбацыд, уæдæй ныр- мæ? — Уыдзæн æвдай азы. — Алы авд азы дæр дыууæ генералы? Стыр хъуыд- даг у уый. Стыр цивилизаци у. Æмæ стæй цахæм генерал! Æцæг генерал, кæд æмæ, хуыцауы фæрцы, цивилизаци- ты хъуыддаг сымахмæ афтæ ацæуа дарддæр, уæд ма уыл бафтдзæн æвдай азы фæстæ ноджы ссæдз генера- лы æмæ æдыппæт суыдзысты цыппор генералы. Стыр хъуыддаг у, æз уый нæ зыдтон æмæ йæ кæцæй хъуамæ^ базыдтаин? Æртæ азы дæр нæма уыдзæнис, ацы бæ- стæм куы æрбафтыдтæн, уæдæй нырмæ. Раст уын куы зæгъон, уæд мæ нæдæр æвдæлгæ кодта, цæмæй мæ зо- надон цæстæй æркастаин уæ бæстæм. Æз иу стыр дæс- ныйадон хъуыддагыл фæдæн, бирæ иртасæн куыст фæ- кодтон, алы историтæ фæфарстон æмæ æдыппæт мæ- рæстæг иууыл уыцы зонадон хъуыддаджы фæдыл фе- сæфтон. Фæлæ мын ацы фыдæбæттæ дзæгъæлы нæ фес- ты, фæлтæртæ-иу мын æрымысдзысты мæ ном дæр. — Цы сарæзтад уагæры? ~ Цы сарæзтон! Æнцон зæгъæн нæу миййаг. Ие, мæ хæлар, Уæрæсейы æлдæрттæн сæ цагъарты æристой. Æлдар баззадис æнæ лæггадгæнæгæй. Æххуырсты æв- джид баззадис, сфæлмæцыдис бæстæ, æххуырстытæ бай- дыдтой хæдзарæй алцы дæр давын. Æз, куыд зæрдæ- рисгæ фырт, байдыдтон хъуыды кæнын, мæ бæстæйы иы фæлмæцыддзинадыл, загътон: бæстæйæн баххуыс дæо^ ХЪæуы' зæгъын. Æмæ, табу хуыцауæн, æххуыс фæстæК0ДТ0Н' Ахæм Ц^ДæР æрымысыдтæн æмæ нырæй нынæн^ НаЛ уыдзæн фадат æххуырстæн къæрных кæ- кодта уы^ДЗарЫ* Иу хУьшæтæджы цау мын æрымысын ___У___цы хос. Мæ денщик* иттæг егъау къæрных уы- * п н#г салдят й^3^И5ерæн "æ хæдзары æнæмызд кусæг, лæггадгæ- ’ иæхи æФсæддон хайæ ракæнгæ. 15
дис, сæкæр нал уагъта сæкæрдоны. Фæхъуыды кодтон, фæхъуыды кодтон, ацы хъуыддагæн куыд баххуыс кæ- нон, зæгъын. Райдыдтон чырын дæгъæлæй æхгæнын, æмæ-иу мæ куы йе ’хгæнын ферох, куы та-иу мæ дæ- гъæл фынгыл ферох ис æмæ-иу хæдзарæй куы федтейæ дæн, уæд-иу денщик та сæкæртæ давта. Боны фæстаг* мæ æрцахстон дыууæ бындзы, ныппæрстон сæ сæкæр- доны, йе ’мбæрзæнæй йæ æрæмбæрзтон. Фæлæ йæ дæ- гъæлæй нал сыхгæдтон. Ныр мæ бафæрсдзыстут цæмæн, зæгъгæ? Уымæн æмæ кæд денщик сæкæр давыны фæнд скодтаид, уæд æй бахъуыдаид сæкæрдоны сæр сисын. Æмæ куыддæриддæр æмбæрзæн фæзыхъхъыр кодтаид, афтæ бындзытæ уадидæгæн атахтаиккой. Стæй куы æр- баздæхтаин хæдзармæ æмæ куы сыгом кодтаин сæкæр- доны, æмæ бындзыты уым куы нæ уал федтаин, уæд бæрæг уыдаид æмæ чидæр кæй сыгом кодта сæкæрдо- ны сæр. Чи йæ хъуамæ сыгом кодтаид мæ денщикæй дарддæр? Уьш куы рымысыдтæн, уæдæй фæстæмæ мæ денщик сæкæр нал давы. Ныр æз алы райсом дæр цай куыддæр баназын, афтæ уаты фæахсын бындзытæ. Æр- цахсын иу цалдæр бындзы, ныппарын сæ сæкæрдоны æмæ æнæхъæн бон вæййын æнæмæт: зонын сæкæр мæ ничи уал адавдзæн. Куыд уæ зæрдæмæ цæуы мæ фæнд? Аслам æмæ къæрныхдзинады ныхмæ æнæфенгæ хос у, уыцы хос алцæмæн дæр бæззы, хæдзары чырынты-иу цыдæриддæр куы ’вæрæм, уæд. Æз ацы фæнд нырма никæмæн загътон, фæлæ уын уæ бæстæ афтæ уарзын, æмæ йæ æз сымахæн схъæр кодтои. Æмæ уæ курын сы- мах дæр æй уæ æнæахуыргонд æлдæрттæн куыд радзу- рат. Хъыгаг уый у, æмæ ’рмæст арахъ давыны ныхмæ нырма ницы самал кодтон. Арахъы авджы дæр бафæл- вæрдтон бындзыты иывæрын, фæлæ уыцы æлгъыстытæ йæ мидæг ныххуыдуг вæййынц, — губа не дура. Фæлæ та уый хос дæр рæхджы æрымысдзынæн. Нæ, фæлæ уæ зæрдæмæ куыд цæуы мæ дæсныдзинад? Францæгтæ Дæр фæзонынц уый хуызæн хæйрæгдзинæдтæ ’рымысын, фæ- лæ уыдоны машинæтæ æлхæнынæн зынаргъ сты! Ме ’рымысæггаг хъуыддаг та сау капекк дæр не слæудзæн. Цы хъæуы дыууæ бындзы æрцахсынæн æмæ сæ къоп- пы ныппарынæн? Бирæ ницы. Гъе, ныр ма фæкæсут, кæддæра цы стыр фæстиуджытæ уыдзæнис ме ’рымыс- гæ хъуыддагæн: ме ’рымысгæ хъуыддаг куы базоной -адæм се ’ппæт, уæд гæнæн ис æмæ бындзыты æлхæнын 16
райдайой. Уæд бæстæйы фæзындзæн ног базарад. Ныз- зилдзыстут иу рæсугъд райсомы уæ горæты æмæ ауын- дзыстут бындзыты дукани, уый мæгуырау у? Цал æххор- маг ссардзæни кæрдзыны къæбæр бындзыты руаджы. Æмæ иыр та бындзытæ цы сты? Ницы. Цы æфтиаг сæ ис? Ницы. Ие уый дын, мæ къона, хицауадæн цас æф- тиаг дæдтынц ахуыр æмæ зæндджын адæймаджы фы- дæбонæй сывзæргæ дыргътæ. Æз ардæм цæуынвæнд нæ кодтон, кæд мын бирæ фæлæхстæ кодтой, уæддæр. Мæ- хинымæры дзырдтон: кæд æмæ мын хуыцау ратта та- лант, уæд дзы хъуамæ сæфтиаг кæнон мæхи æмбæстæг- тæн, фæлæ, ацы ног байстгонд бæстæты махæй иттæг зæрдиагдæрæй хъæуы рухсад, зæгъын. Ам ахуыргонд адæймæгтæ иттæг æхсызгонæй хъæуынц. Гыццыл ма фæгæдзæ кæнут, кæддæра фæстæдæр цытæ ’рцæуа! Æз уал уæддæр кæй загътон, уый æрымысыдтæн, сом та иу мæ хуызæн æндæр исты æрымысдзæни, чизоны ахæм лæг дæр рацæуа, æмæ уын уæ горæты дæр Излеры дыргъдон чи сараза; ахуыргонд лæгæн алцы дæр у йæ бон. Уыцы уагæй æгас Петербурджы рухсдзинад рацæу- дзæп ардæм. Уæд æй фендзыстут, иу рæсугъд боны куыд сырæздзæнис тезгъо кæнын Излеры дыргъдоны, уыцы дыргъдоны уæ сылгоймæгтæ уæндонæй байдай- дзысты цæуын. Фæнды дзы иуæн зæгъ «шени чириме»*, фæиды иннæмæн, дзургæ дæр дæм не скæндзæн. Ие уæд адæм фендзысты сæ дзæнæты, ахуыргондтæ-иу куыд фæзæгъынц, ома, дзæнæт хуымæтæджы дзырдæй куы зæгъæм, уæд... фæлæ цы зæгъæм, дзæнæт хуымæ- тæджы æвзагæй дæр дзæнæт у, сымах æй æмбарут? — Иттæг хорз. IV Уыцы изæр схæццæ дæн Стъепанцъминдамæ. Дзæ- бæх изæр уыди, афтæ æмæ уыцы æхсæв уым бахсæви- уат кодтон, цæмæй мæ цæстытæ бафсæстаин уым рæ- сугъд уынинæгтæм кæсынæй. О, Гуырдзыстон! «’Ндæр гуырдзыстон ма кæм ис, Дунейы кæцы бæстæйы?» Шени чириме, ома шени чъириме — дæ рын бахæрон. 2. И. Чъавчъавадзе.
Хатæнæй æддæмæ рацыдтæн æмæ Стъепанцъминда- йы бакомкоммæ схъилгонд цъитимæ скастæн, кæцыйы хонынц Хъазбеджы хох. Стыр цытджын у уыцы цъити, йе, уымæн у, йе, зæгъын, йæ бон: арв мын худæн ис гемæ зæхх та къоходзийæн. Иууылдæр урс-урсид, бæрæ- гæй хицæн кодта арвы цъæхы. Иу пирæнгомы бындзы- джы йас мигъы къæм дæр ын не ’мбæхста йæ бæрзонд ных, уый ихæй æвзистгонд сæр. Æрмæст иунæг тых- джыи ирд стъалы æдзынæгæй æрттывтытæ кодта йæ хæд сæрмæ, цыма сагъдау фæци, Хъазбеджы цытджын цæсгом фенгæйæ. Хъазбег!.. Цытджын у уый, мадзура, сабыр, фæлæ уазал у æмæ урс. Йæ фенд мæн дисы ’фтауы, фæлæ мыл циндзинад не ’фтауы, уазал мæ кæ- ны, фæлæ мæ нæ тавы, — иу ныхасæй, цъити у. Уый æппæт цытджындзинадимæ адæймагыл дис æфтауы, фæлæ йæ бауарзай, уый гæнæн нæй. Цæй ма цæмæн мæ хъæуы, уæдæ, йæ цытджындзинад? Бæстæйы хъæ- лæба, бæстæйы уадтæ æмæ тымыгътæ, бæстæйы зын- дзинæдтæ æмæ циндзинæдтæ уый бæрзонд ныхыл иу нуар дæр нæ фезмæлын кæндзысты. Кæд йæ рæбын зæххыл æвæрд у, йæ сæр та быцæу ратта арвмæ, иу- варс алæууыд, æнæбаххæсгæ у, нæ уарзын нæдæр ахæм бæрзонддзинад, нæдæр ахæм иуварс лæууын, нæдæр ахæм æнæбаххæсгæдзинад. Хуыцау раарфæ кæнæд фæл- тау сæруæлдай, æрра, сонт, æхсарджын, æнæсæттон æмæ змæст Теркæн! Сау хохы тæк’кæ зæрдæйæ йæхи ратонгæйæ, уый уайы æмæ богъ-богъ кæны, йæ алы- варс цыдæриддæр ис, уыдон дæр богъ кæнын кæны. Уарзын Терчы зæлланг сыр-сыр, йæ æбуалгъ тох, йæ фыдмæсты гуыр-гуыр æмæ тыхстдзинад. Терк у адæй- маджы райхъалгонд царды цæсгом, уый у ахæм цæс- гом, знæт чи кæны адæймаджы æмæ æркæсын аккаг цæсгом дæр у: уый змæст доны зынынц æппæт бæстæ- йы æнамонддзинады цъыфбынтæ. Хъазбеджы хох та у æнусон царды æмæ бухъдзинады иттæг рæсугъд цæс- гом: уазал у æнусау æмæ мадзура у бухъдзинадау. Нæ,. Хъазбеджы нæ уарзын, уымæн æмæ у æнæбаххæсгæ. Бæстæйы амонды бындур та алы’ хатт æрывæрд цыдис бынæй. Бынæй амад цыдис алы бæстыхай дæр, фæлæ никуы ничи райдыдта хæдзар амайын уæлийæ. Ие уый тыххæй мæнмæ, куыд бæстæйы фыртмæ, хуыздæр кæсы Терчы цæсгом, æмæ йæ уарзгæ дæр кæнын фылдæр. Нæ, æз нæ уарзын Хъазбеджы: йæ уазал судзы, йæ урс- дзинадæй зæронд кæны адæймаг! Бæрзонд, дам, у! Цæ- 18
мæн хъæуы йæ бæрзонддзинад, кæд æмæ йæм æз нæ сыххæсдзынæн æмæ мæм уый та уырдыгмæ не ’рых- хæсдзæнис, уæд. Нæй, нæ уарзын æз Хъазбеджы. Хъаз- бег мын мæ зæрдыл æрлæууын кæны стыр Гётейы, Терк та карз æмæ æхсарджын Байроны. Тæхудиаг дæ, Терк! Уымæн дæ хорз æмæ æнæрынцой кæй дæ. Уæдæ ма иу уысмы бæрц дæр фæлæу дæ цыдæй, кæддæра смаггæ* наг цъыфдзаст нæ фестис æмæ де ’ртхъирæнтæгæнæн гуыр-гуыр хæфсыты хъуыр-хъуырæй нæ аивис. Змæлын æмæ æрмæст змæлын у, мæхи Терк, бæстæн тых æмæ царддæттæг... V Æрталынг ис. Терк æмæ Хъазбеджы хохы цъитимæ кæсынты æмæ æндæр хъуыдыты ирхæфстæй мын рæ- стæг афтæ ахъуызыдис, æмæ зонгæ дæр нæ бакодтон, хур куыд рахæрзбон кодта йæхнцæй схъармгонд дуне- йæн æмæ куыд фæаууон ис хæхты фæстæ. Баталынг ис, цæсты раз ницы уал зындис, ныссабыр дунейы хъæлæ- ба, дуне ныхъхъус ис. Баталынг ис, фæлæ нæ зонын куыд кодтаин, куы нæ уал мæ уаид ноджы сбоны ныфс, уæд, æниу ма цард цæрыиы аргъ уыдаид?.. Уарзын дын, æрдз, де ’гъдау- æвæрд, кæцыйы фæрцы алы æхсæв дæр сбон вæййы фæстæмæ. Баталынг ис, фæлæ æз уæддæр станцы æддийæ дæн æмæ иттæг къæрцхъусæй* мæ хъус дарын æнæсæт- тон Терчы сæруæлдай хъæлæбамæ. Æппæт дæр ныхъ- хъус, æрмæст ды нæ сабыр^ кæныс, Терк! Бауырнæд уæ, ацы æгомыг бæстæй æз хъусын Терчы æнæаскъуый- гæ хъаст кæнынмæ. Фæвæййынц адæймаджы царды ми- Дæг ахæм минуттæ иунæгдзинады рæстæджы æмæ цыма Дь^æрдзæн æмбарын кæныс дæ хъуыдытæ æмæ дын уый та йæхиуæттæ æмбарын кæны. Уый тыххæй у дæ бон зæгъын, иунæг уæвгæйæ дæр иунæг никуы дæ, дыу- Уæкъахон удгоймаг кæй фæхонынц. Ацы æхсæв æнкъа- Рьш æз, цыма мæ хъуыдыты æмæ Терчы хъасты æх- са?н ис цыдæр сусæг бастдзинад. Мæ зæрдæ æнкъуы- сь1 æмæ мæ цонг ризы. Цæмæн? Рæстæджы бауадзæм аЦы фарстæн дзуапп раттын. Баталынг ис. Æрсабыр *1С адæймаджы къæхты хъæр, æрсабыр ис адæймаджы *ъæлдзæг хъæлæба, нал хъуысы уый фæллад æмæ тыр- 19
нындзинады гуыр-гуыр, бафынæй дунейы фыдбондзи- над, иунæг удгоймаг дæр нал ис мæ алфæмблай. Уæд куыд афтид у ацы хæрзедзаг дуне æнæ адæймагæй!.. Нæй! Айсут ацы тар æхсæвы йæ хуыссæгимæ æмæ йæ фынтимæ æмæ мын раттут райдзаст, ирд æмæ, утæх- сæнджып бон йæ фыдæбæттимæ, йæ фæлмæцындзина- димæ, йæ тохимæ, йæ тыхст æмæ мæтимæ! Æй, тар æх- сæв! Нæ дæ уарзын дæу! Ды куы нæ уыдаис дунейыл, уæд æз æнхъæлын, æмæ дунейыл нæ уыдаид адæйма- джы æнамонддзинæдтæн се ’рдæг дæр. Фыццаг фыдми- тæ фæдæлгоммæ кодтой адæймаджы зонды, æмæ уый фæриы адæймаг сси афтæ знæтгонд. Уæдæй ардæм адæймагæн нал баци йæ бон фæндаг ссарын, — æмæ ныр тох кæны, фæлæ нырма дæр мин адæймагæй иу нæй, кæй зонд фæуæлахиз уа уыцы æбуалгъ^тасдзина- дыл, — йе уый мидæг ис бæстæйы æнамонддзæнады ах- хосаг. О, тар æхсæв! Нæ уарзын æз дæу. Дæ фæдджи- йы бын, чизоны, цал адæймаджы фыд-зæрдæ знаг æм- бæхсы йæхи! Чи йæ зоны, ацы талынг, кæцыйы мын еныр æрымбæрзтай мæ цæстытыл, цал куырды æмæ бæстæйы удхортæ цæгъдынц хъадамантæ адæймаджы амонд сбæттынæн? Æхсæв, уыцы хъуыддаджы ды се ’ххуысгæнæг дæ, йæ ном сайындзинад кæмæн хуыйыны æмæ адæймаджы знæт хъуыдыйæн æнамоиддзинады амонддзинадау чи ’вдисы, уыдонæн. Ды дæлимонты æх- сæвæры дуг æмæ рæстæг дæ. Уыцы ранæй хъуысынц талынгады гаджидаутæ. О, фыд-зæрдæ, дæхи айс мæнæй, æрттивгæ урс бон, рауай мæм ды!.. VI Станцы базыдтон, зæгъгæ, хæхты стыр къуылымпы- дзинад ис постыл цæуджытæн, станцы бæхтæ арæх кæй фæцух вæййынц, уымæ гæсгæ. Мæнæн бафæдзæхстой Пасанауры онг саргъы бæх баххуырсын, æмæ афтæмæй ахизын фæсхох. Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыдис уыцы фæдзæхст. Уыцы хъуыдытимæ бафынæй дæн, зæгъгæ, райсом баххуырсдзынæн саргъы бæх æмæ афтæмæй ахиздзынæн хæхтыл. Æрбарухс ис. Куыд рæсугъд дæ, куыд, райсомы сæ- уæхсид! Куыд рæсугъд дæ, куыд, райсомы æртæхæй цæсгомæхсад бæстæ! Æз афтæ ’нхъæлын, æмæ ацы рай- сом хъуамæ басабыр уой зæххон риссындзинæдтæ; фæ- 20
лæ Терк уæддæр богъ кæны æмæ тох кæны, æвæццæ- гæн, дунейы риссындзинадæн басабыргæнæн нæй. Сбон ис æмæ дуне сунæр кодта адæймаджы хъæ- лæсæй, бон райдыдта йе ’нæрынцой тухийæ. Хорз у райхъалгонд адæймаг!.. Фæлæ ноджы хуыздæр у адæй- маг, кæцы тынгдæр нæу фынæй бæстæйы ’намонддзи- надæй йæ зæрдæ рисгæйæ. Мæ рæсугъд бæстæ, ис дæу- мæ ахæм адæймæгтæ? Æз сæ агурдзынæн æмæ сæ кæд ссарон, уæд сын мæхи нывондæн æрхæсдзынæн. Рацыдтæн станцы агъуыстæй æмæ иу цавæрдæр мо- хевагыл фембæлдтæн. Уымæй баххуырстон бæх ахæм дзырдæй, цæмæй мемæ рацыдаид йæхæдæг дæр уæл- бæхæй. Уый фæстæ фæсмон нæ, фæлæ иттæг бузныгæй дæр баззадтæн, мæ хъуыддаг ’афтæ хорз кæй ацыдис, уый тыххæй, мæ мохеваг разынди иттæг хорз. Уый уыд карджын, йæ сæр фæмитхалас. Фæстагмæ рабæрæг ис, æмæ уый цæстдарæг дæр кæй у уыцы чысыл бæстæйыл, кæцы уый алыфарс æрбахахгонд уыдис амондæй æмæ кæцы уыдис нысангонд уый æнæхуыз царды фæзилæ- нæн. Бæхтыл сбадтыстæм æмæ рацыдыстæм Стъепан- цъминдайæ. Фæстаг хатт ма скастæн Хъазбеджы хохы цъитимæ. Уый куыддæр цытджын хъуынтъызæй кастис сæрыстырæй йæ бæрзæндæй. Уый мын схæццæ кодта уыцы райсомы æрсабыргонд хъуыдытæ. Мæ зæрдæ та райдыдта йæхи къултыл хойын, мæ къухтæ зыр-зыр кæ- нынц. Æз цъитийы цытджын уындыл мæхи мæстыйæ атигъ кодтон æмæ нодл^ы фылдæр цыт кæнгæйæ хæрз- бон загътон уый къæхты бын æррайæ уайгæ Теркæн. Мæ мохеваг аккаг уыд фендтагæн. Уый йæхæдæг ставд, бæрзонд, бадти иу чысыл хæххон бæхыл, кæцы æгас фæндагыл иудадзыг дæр худæджы сæпп кодта би- рæгъау. Мæ мохевагæн йæ цæстытыл æрынцад йæ хъуын- джын худ æмæ ахæм æгуыппæгæй уыд æвæрд фæтæн саргъыл саджилæй, ахæм æнæмæтæй æмæ æнæзæрдæ- схæццæйæ æмæзмæлд кодта йæ зæрдæмæдзæугæ буар бæхы сæппимæ, ахæм сабырæй æмæ æхсызгонæй дымд- та йæ лулæ æмæ фенхъæлдтаиккат, цæлы айхуызæн æн- Дæр лæг зынтæй ссардæуыдзæнис зæххы цъарыл, зæгъ- гæ. — Дæ ном цы хуыйны, ме ’фсымæры хай? — бафар- стон æй æз. — Лелт Гъуниа мæ хонынц, — дзуапп мын ратта >ый. 21
— Кæцон дæ? — Кæцон? Гайботниаг, ам хæстæг у Терчы тæккæ сæрмæ. — Гуырдзиаг дæ æви ирон? — Ирон та цæмæн хъуамæ уон? — гуырдзиаг дæн, мохеваг. — Хорз бынат у уæ бынат. — Мæгуырау нæу, нæ хуызæн мæгуырты аккаг у. — Ахæм уæлдæф, ахæм дон стыр амонды хъуыддаг сты. — Гъм! — фæхудт мохеваг. — Цæуыл худыс? — Худинагыл худын. Афтид гуыбын уыдонæй нæ бафсæддзæн. — Ам æвæццæгæн хорз тыллæг зондзæни? — Цæмæннæ хъуамæ зона? Зæхх мæгуырау нæу, фæлæ цъус у: хæдзармæ дыууæ бонгæны нæ хауы. Къуындæг цæрæм. — Ацы стыр фæндаг уын бирæ æфтиаг ратдзæн. — Цы ’фтиаг ис фæндагæй та? Хорз уымæн у, йæ хъиамæтæй ахæссинаг, ауæйкæнинаг кæмæн ис. — Куыстагур дзы нæ фæцæут? — Цæуылнæ фæцæуæм? Фæцæуæм. — Уæдæ дзы æхца дæр ссардзыстут. — Арæм дзы. Дзыппы нæ лæууынц: хохы цæрæг мо- хеваг сомихаджы амæттаг у: йæ хæдзары нæ хæры, нæ нуазы; цы бакусæм, уый дукаиийы баззайы. — Уæдæ быдырты хуыздæр у цæрынæн. Уым адæм æфсæстдæр сты. — Чи йæ зоны? Уым дæр сын ис сæхи зындзинæд- тæ æмæ æнамонддзинæдтæ, сæ бынæттæ сты умаэл. Уым адæмы хуыз нæй, æнæниз не сты. Амы адæм æнæниз сты. Не сфæлдисæг сæ афтæ адихтæ кодта: уым æф- сæст, ам æнæниздзинад. — Уæдæ æфсæст бæстæ хуыздæр у, æви æнæниз бæс- тæ? — Сæ дыууæ иумæ. Иу æнæ иннæйæ дуне нæ бæззьт. — Дзырдæн зæгъæм, сæ дыууæйæ дæр бар куы уаид? — Сæ дыууæйæ? Равзарыны бар? Уæд ацы хуызы Къæдзæхтæ систаин, æнæниз сты. Адæймаджы фырт куы фæуынгæг уа, уæд дзы кæрдæгæй дæр фæцæрдзæн, æфсæст уыдзæн, низимæ та цы бакæндзынæ? Раст уыцы рæстæджы мохевагæн йæ бæндæнæй æгъ- дæпцой аскъуыд, йæхи нал баурæдта, æмæ фæзæбул 22
иуырдæм, стæй та йæхи сраст кодта, æргæпп кодта бæ- хæй æмæ йæ æгъдынцой рæстытæ кæныныл фæци. — Фыдæбойнаг у саргъджын бæх, — хъæрæй загъта мохеваг, мидбылты худгæйæ. — Хуыздæр фæуæд æнæ- саргъ бæх дæ уæрджытæ ныззæбул кæн æмæ йыл бад, Æз мохевагмæ нал багъгъæлмæ кастæн æмæ араст дæп дарддæр. VII — Дæ хуыцауы тыххæй, зæгъ-ма мын, — загътон мо- хевагæн, куы мæ æрбаййæфта уæд, — Стъепанцъминда- йы бакомкоммæ уый цæй монастир у! — Терчы фаллаг былыл? — О. — Йæ хорзæх уæд дæу æмæ дæ хæстæджыты, чи нал ис, уыдонæн та рухс бынат дæттæд, — уый у Цъминда- Самсбайы аргъуан, фыдæлты рæстæджы дзы адæм æм- бæхстой сæ зынаргъ хæзнатæ æмæ уыди адæмы уынаф- фæдон! — Цæй æмбæхсæн? Цæй уынаффæдон? — Гуырдзиаг паддзæхтæ дзы æфснайдтой сæ хæзна- тæ знагæй тасы рæстæджы, бирæ хæттыты-иу Мцхета- йы хæзна рахастой ардæм æфснайынмæ, бамбæхсынмæ. — Æмæ уынаффæдон та цавæр у? — Уынаффæдон? Ам ис иу хатæн, тæрхонгæнджытæ тæрхон кæм кодтой. Цыдæриддæр зындзинæдтæ-иу фæ- зындис, уыдоныл-иу уым тæрхон кодтой. — Дæ бон нæу æмæ мын радзурай, куыд тæрхон кодтой уым, æмæ-иу пы хъуыддагыл тæрхон кодтой? — Цæуылнæ дын радзурдзынæн? Цы зоныи, уый дын зæгъдзынæн. Адæмы ’хсæн-иу куы фæзынд егъау хъау- гъайаг, егъау хъуыддаг, стыр æвзæрстыты рæстæг куы ’рцыд, уæд-иу æмбырд уым сарæзтой, — равзæрстой тæрхоигæнджытæй зондджын зæрæдты, сæ зондахастæй зынгæ чи уыди, ахæмты æмæ-иу сæ уыцы хатæны сба- дын кодтой тæрхон. кæнынмæ æмæ-иу уыцы зæрæдтæ цы загътой, цы стæрхон кодтой Цъминда-Самебайы но- мæй хуыцауы хæрзиуæгджын фæндонмæ гæсгæйæ, уы- 11 ы тæрхоны сæрты ахизын æмæ йæ фехалын никæй бон Уыд. — Ды ахæм тæрхоиы æрыййæфтай, миййаг? — Æмæ сæ æз кæцæй æрыййæфтаин? Фыдæлты хъуыддæгтæ дын дзурын. 23
— Уæдæ ныр уыдæттæ цæмæ гæсгæ нал сты? — Ныр? Ахъуыды кодта мæ мохеваг æмæ мын дзуапп нæ ратта, фæлæ мæ цасдæр рæстæджы фæстæ йæхæдæг ба- фарста: — Ды кæцон уыдзынæ? — Гуырдзиаг дæн. Æмæ мæ уæдæ нæ базыдтай? — Цæмæй дæ базындæуыдзæн? Дæ дзаумæттæ гуыр- дзиаг дзаумæттæ не сты: уырыссаджы арæзт скодтай дæхи. — Æмæ гуырдзиаджы æрмæст йæ дзаумæтты йеттæ- мæ ницæмæй ис базонæн. — Цæстæй базонынæн дарæсæй æвзарынц. — Æвзаг æмæ ныхас та? — Гуырдзиагау бирæтæ дзурынц: сомихаг дæр, ирон дæр, тæтæйраг дæр, æндæр адæмтæ дæр. — Æмæ гуырдзиаг дзаумæттæ цъус исчитæ дарынц миййаг? — Гуырдзиаг дзаумæттæ гуырдзиагыл æндæргъуы- зон фидауынц. Гуырдзиаг уырыссаг дзаумæтты мидæг æпдæр у, æцæгæлонхуыз ын ис. — Дзаум’а та цы у? Гуырдзиаг хъуамæ зæрдæйæ гуырдзиаг уа! — Раст зæгъыс. Фæлæ зæрдæмæ чи ныккæсдзæн? Зæрдæ мидæгæй ис, нæзыны, дзаума та æддийæ ис, зы- ны. — Кæд мæныл уырыссаг дзаумæттæ ис, бауырнæд дæ, зæрдæйæ гуырдзиаг- кæй дæн. — Чизоны. — Нæ зонын, бауырныдтой мæ ныхæстæ мæ мохе- ваджы æви нæ, æрмæст зæгъын хъæуы æмæ мах уый фæстæ ахæм ныхас кæй æрыфтыдтам. — Æрдæбоны фарстæн мын дзуапп куы нæ рат- тай, — байдыдтон та æз. — Æз дæ бафарстон, зæгъын, ныр цæмæннæ уал тæрхон кæнынц Самебайы аргъуаны? — Ныр? Кæм ма ис адæммæ æмтæрхондзинад? Уы- рысы ’хса-41 стæм. Ныры рæстæджы алцы дæр сывзæр ис, алцы дæр ферох ис. Самебайы рæбын ис Гергеты хъæу. Уыцы хъæуы лæгтæ паддзахæн дзырд раттой ар- гъуан хъахъхъæныны тыххæй. Уый хыгъдмæ сæ пад- дзæхтæ ссæрибар кодтой хъалон фидынæй æгас хъæуы дæр, цыты гæххæт дæр сын раттой сæ фырты фырттæн. Æмæ ныр дæр Гергетæй алы æхсæв хъахъхъæнынмæ ардыгæй лæгтæ фервитынц. Гергеттæгтæ ныр хъахъ- 24
хъæнынц аргъуан, фæлæ сын уырысы ’хсæн сæрибар- дзннад фесæфтис. Уырыс нæ байхъуыстой паддзахы’ гæххæтмæ. Гергеттæгтæ ныр, иннæтау, хъалонтæ фи- дынц. Фесæфтысты фыдæлты æгъдæуттæ, хуыцауы фæн- донмæ гæсгæ нал сты Самебайы аргъуаны уынаффæтæ дæр. — Уæдæ афтæ цæуы, цыма фыдæлты æгъдæуттæ æмæ рæстæг хуыздæр уыдысты? — Цæуылнæ? — Хуыздæр та цæмæй уыдысты? — Фыдæлты рæстæджы хорзæн æви æвзæрæн махæн иæ сæртæ нæхп уыдысты, Гъе, уымæй уыд хорз! Фы- дæлты заманы нæ адæм адæмы хуызæн уыдысты, зæр- дæ — зæрдæйы хуызæн уыд, лæг’—лæджы хуызæн, сыл- гоймаг — сылгоймаджы хуызæн. Фыдæлты заманы?! Хъахъхъæдтам сидзæрты æмæ сидзæргæсты, хæдзары хæйрæджы ныхмæ, къæсæрæн æддийæ та знаджы тыхы ныхмæ тыхмимæ лæууыдыстæм, нæ истам нæхицæн, хуыцауы лæггадгæнджытæн æмæ мæликкæн лæвæрд цы уыдис, уый. Хызтам нæ кæрæдзийы æнауæрдон зна- гæй. Фæкæлджытæн кодтам тæригъæд, кæуджыты рæв- дыдтам, нæ зæрдæ рысти адæймагыл æмæ уыдыстæм кæрæдзийыл баст. Ныр нæ фыдæлты ’гъдау фесæфти æмæ нæм æрбæстон ис иалатдзинад, хæлæгдзинад, фы- дæххæлдзниад нæм фæзындис, иузæрдыгондзипадæй иæм ницы уал ис, сарæх нæм ис кæрæдзимæ фыд-зæр- дæдзинад. Чи ма мæт к^ены пыр сидзæртыл æмæ си- дзæргæстыл; чи ма ратдзæн циндзинад, чи кæуы, уы- мæн; чи фæкæла, ууыл ма чи схæцдзæн? Ныр ахæм лæг ничи уал ис, æмæ ма дзы кæд ис, цæсгомæй æмæ зæр- дæйæ фыдуынд у; фæмæллæг иæ адæмы хъару, асасти, ахауди, стæппуд ис! Гуырдзыйы ном фегад ис, фегад сты гуырдзиаг иамыс æмæ æгъдæуттæ. Уыцы рæстæ- джы нæхи бар уыдыстæм. Сцъаммар ис, сгæвзыкк ис- дуне, цыма у ныр нæ цард? Хæрд æмæ нозт æлхæнгæ, хъæд æлхæнгæ, фæндаг æлхæнгæ, кувын, фæдзæхсын æлхæнгæ, тæрхон æлхæнгæ! Цæмæй ма хъуамæ фæцæ- ра мохеваг?.. — Æмæ уый бæрц та ныр рæстæг сабырдæр куы у? — Афтид сабыр, афтид гуыбынимæ кæй цæмæп хъæ- уы? Циу сабыр рæстæг? Хъамайæ куы нæ архайай, уæд згæ кæиы, лæугæ доны та хæфсытæ, уаллæттæ æмæ кæлмытæ фæзыныиц. Æнæрынцой уайгæ Терчы та ис къалмахи кæсаг! Циу сабырдзинад удæгас адæймагæн? 25.
Знагæй фыд-зæрдæйæ тæрсын хъæуы, адæммæ иудзи- над куы уа, уæд? Айдагъ сабырдзинад нæ фагæй нæ уæлдай дæр уыдзæни ингæны. — Æмæ уыл-иу знаг тых куы кодта, куы уæ-иу стыгъта, уæ хæдзæрттæ уын-иу куы хæлæттаг кодта? — Ныр та фыддæр сафы хæсдæттæг сомихаг, кæ хæдзæрттæ нын уый фылдæр мæгуыр кæны! Уыдис фы- дæлты заманы афтæ, æмæ знаджимæ хæцыдыстæм кард æмæ уартæй æмæ дзы нæхи ирвæзын кодтам, фæлæ со- михагæн та цы бакæндзынæ, уыимæ нæ ныллæудзынæ тохыл. Раздæр-иу знагыл дæхи ныццавтаис, фæхъæбы- *сæй-хъæбысмæ уыдаис де ’мсæр знаджимæ æмæ-иу адæймаг йæхицæн рафæлгъуыдта цыт æмæ кад, соми- .хаджы ныхмæ та цы цыт хъуамæ райса важа?* Раст дæ ды, уæды заманы мын уыдис знаг, фæлæ-иу иузæр- ядыгон хæстонтæн уыдис егъау лæвæрттæ. Лæвæрдтой сын зæххытæ, лæвæрдтой сын бархидзинад. Уæртæ, гъе, Терчы сæрмæ зыны ахæм гæнах, къухæй арæзт чи нæ у, Аршийы фидар æй хонынц. — Ома уый та куыд, адæймаг кæй нæ сарæзта? — Хуыцауы фæрцы, æнæбасæтгæ фидар уыд, æнæ- фехæлгæ.- — Æмæ дæ цы зæгъын фæнды уый тыххæй? — Уæды заманы йæм бафсæрстой къахеттаг æф- сæдтæ. Тох байдыдтой æмæ фидар байстой. Комы адæм стыхстысты, сфæнд кодтой сæ мæликкмæ фервитын бах- ^суысы сæрæппонд. Фæлæ уымæн йæ бон баххуыс кæ- нын нæ уыди. Æнæххуыс адæм суынгæг сты. Къахет- тæгтæ комы æвзонг фæсивæдæй бирæ фæцагътой, ба- лæгæрстой фидæртты хуылфмæ, раппæрстой тырысатæ. Уæд, дам, фæзæгъынц, иу зондджын буц зæронд лæг, мохеваг царди. Уыдис ын иттæг рæсугъд чындздзон чызг. Сфæнд кодта уыцы мохеваг къахеттаг æфсады иыррасыг кæнын. Сæнтæ æрбаласта æмæ сæ барвыста -фидæрттæм. Иæ диссаджы рæсугъд чызджы та скодта рæгъгæнæгæй. Сæнмондаг уыдысты къахеттæгтæ. Сæ былтæ стæрдтой рæсугъд чызгмæ дæр, фæсайды сты æмæ ныррасгуытæ сты сæнæй. Чызг бакодта фидæртты дуæрттæ æмæ мохевæгтæн бамбарын кодта, къахеттаг æфсад кæй фæсайды сты, уый. Æмбырдгонд сты мохев, бахъуызыдысты фидæрттæм, тохы хъæр ныккодтой æмæ ’быны цагъд ныккодтой расыг къахеттæгты. Мохевæгтæ Файстой фæстæмæ фидæрттæ. Уый фехъусын кодтой ’* Важа — лæг, нæлгонмаг. 26
Арагвийы Ерыстауæн. Уый йæ зæрдæхæларæй ратта уьты фидар чызджы фыдæн лæварæн æмæ ноджы ка- ды гæххæтт... — Æмæ уый цæй кад æмæ хъæбатырдзинад у? — Уæдæ циу? Уый зондджын хъæбатырдзинад уы- ди, тыхæй кæм нæ фæрæзтæуы, уым та зрндæй арха- йын хъæуы. — Цæй фæдыл мын радзырдтай кахеттæгты фæцæгъ- дыны хабар? — Ныр та мах, гуырдзы, æфсымæртæ стæм. Къахет- тæгты кой фыд-зæрдæйы тыххæй нæ ракодтон, мæн фæндыди дæуæн радзурын, уæды заманы адæм куыд лæггад кодтой, сæ удыл æнауæрдгæйæ, фæлæ-иу сын уый бæрц та лæвæрттæ дæр стыр кодтой; номæй, бæ- гъатырдзинадæй ардтам нæхицæн къæбæр, æнæхъуа- джы адæймаг нæ сæфти. Ныр та фæливæнтæй, налат- дзинадæй, мæнгарддзинадæй æмæ гадзрахатдзинадæй ис арæн фæллой æмæ мулкæн. VIII Раст у æви нæ мæ мохеваг, æз уый бæрæгкæныныл не схæцдзынæн. Кæнæ цы мæ хъуыддаг у уый? Æз, куыд бæлццон, æрымысыдтæн, уымæй цы фехъуыстон, уый. Æз æрмæст ууыл архайдтон, цæмæй йын йæ хъуы- дытæн сæ хуыз ма раивтаин æмæ йæ ныхæстæн та — сæ ахаст. Кæд мын уый бантыст, уæд мæ фæнд дæр æххæст- тонд у. Бирæ цыдæртæ ма нын фæдзырдта мæ мохеваг. Фæ- лæ уый ныхæстæ се ’дыппæт фыссынæн не сбæздзысты æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ. Æз æрмæстдæр уый зæгъдзынæн, æмæ мæ уый йæ ныхæстæй фембæлын кодта йæ зæрдæйы хъæдгæмттыл. Бамбæрстон дæ, мæхи мохеваг, цахæм хъæстæгонд фатæй дæ цæф, «махæн нæ сæртæ нæхи уыдысты»,— загътай ды. Æз уый фехъуыстон, фæлæ мæ хъустыл куыддæриддæр ауад, афтæ æвиппайды цахæмдæр рисс •ауади мæ сæры магъзæй мæ зæрдæмæ, уым зæрдæйы йæхицæн иигæн скъахта æмæ уым баныгæдта йæхи. Кæдмæ хъуамæ баззайа уыцы рисс мæ зæрдæйы? Эх, кæдмæ, кæдмæ?.. Мæ уарзон бæстæ, ратт ма мын уы- мæн дзуапп! 1861 аз.
УЫЙ ДÆР АДÆЙМАГ У?! «Дæ хæлары ’фхæр йæхи цург де знаджы та — фæсфæд». (Хъуыдыджын æмбисонд). Риторикæйы фыст ис: лæг алцыппæт дæр хъуамæ райдайа раздзырдæй. Уый бæлвырддæр афтæ у. Уæдæ мах дæр райдайæм раздзырдæй. Луарсабы фæлгондзы йæхи чи базона, йæхимæ чи райса, Луарсабыл цы фыст ис, уыдон, уый мæ, кæй зæ- гъын æй хъæуы, цъыфы бын фæкæндзæн, æмæ мæ «æр- райыл дæр» банымайдзæн ацы уацауы ницæйаг авторы. Фæлæ уыцы адæймæгтæ зонæд, мах æппындæр кæй ни« цы хъуыддаг ис удгоймагмæ! Мах фыссæм æрмæстдæр æхсæиадон сахъатдзинæдтыл. Æндæр исчи цыфæнды зæгъæд, æз мæхицæн ныфс ссардзынæн ахæм дзырдты æцæгдзинады: «Дæ хæлары æфхæр йæхи цур, де знаджы та — фæсфæд». Кæм дæ ныр, ды, ацы хъуыдыджын æмбисонд æрымысæг? Зо- нын, кæм дæ, уый: ды æнæуынгæ вæййыс адæмы ’хсæн, ды дæ адæмы дæ, зонын дын дæ ном дæр: ды хуыйныс адæмы гени. Зонын, цы миииуæг дæм ис, уый дæр: ды дæ иудадзыг раст æмæ æнæрæдиаг. Ды, æрмæстдæр ды, дæдтыс ныфс «кæуылдæртыл» йæ зæрдæ кæмæн рпссы, уыдонæн, уыдон сæ зæрдæйы рис тæригъæдыл куы банымайынц, уæддæр. Цы чындæуа? Иуæй-иу ацы зæрда^йы рисдзинад æвдисы уымæй æмæ йæ хæстæджы æвзæрдзииадæй дæр æппæлгæ кæны, иннæ та уымæй æмæ æвзæрдзинад фаугæ кæны. Ацы дыууæгъуызон адæймæгтæй кæмæн фылдæр. æмæ бæлвырддæр рыст- дзинад æмæ уарзондзинад ис, уый кæсæг йæхæдæг ба- зонæд. I Æмбисонды дзæбæх уыд, æлдар Таткаридзе кæм цард, уый. Ахъуыды ма кæнут, астæуккаг Къахеты, иу 28
чысыл хъæу, ныллæг тыгъд быдыр æмæ йæ тæккæ ас- тæу — дыууæ æддæгуæлæ дурын бæстыхай. Мæнæ уыцы æттæгуæлæтæ цы хуызæн уыдысты: бынæй дзы уыд хæ- рисæй æмбæрзт марани,* ацы маранийы фæстаг къу- лыл арæзт уыдис иу чысыл уат æд балкъон. Балкъо- ныл, зæрватыччы’ ахстонау, уыд хъæдын уат хуыссæн- гæрзтæ æфснайынæн. Дзæвгар æддæдæр дзы уыдис хъæ- дын мæпгагъуыст торнейы тыххæй. Уымæй ацырдæм- дæр — хула** æмæ йыл арæзт уыд иуцæстон нартхор- дон, бынтои кæлæтдзаг æмæ æнæарæхст арæзтæй. Уыди ма дзы, йæ алварс æмбонд кæмæн уыдис, ахæм чысыл дыргъдон, æмбондмæ хæрз хæстæг зынди хъæмпæй æм- бæрзт зæронд къæс. Уый фыррагонæй йæ иу фарсыл æркъул æмæ ныззылынтæ ис, цыма аууоны æрхуыссын- мæ хъавыд, уыйау. Ацы фидар галуаны кæрт уæрæхы- рдæм дæр æмæ дæргъырдæм дæр дардыл дзæбæх ай- вæзти. Йæ алварс уыди зæронд каубыд. Кау иуæй-иу рæтты уыди фæлдæхт æмæ йæ хицау йæ саразыны фæнд дæр пикуы скодта. Зыны йыл, гуырдзиаг кæй у, уый!.. Æмбондæн иу ’рдыгæй уыдис стыр дуар, уымæн йæ иу æрдæг ахæм тæригъæддаг ауыгъдæй лæууыд цæ- джындзыл æмæ афтæ фенхъæ^лис, цыма йæ цæджындз æрцахста нæмыны тыххæй æмæ уый та ууыл архайы, цæмæй дзы аирвæза. Дуары цурæй райтынг ис дардыл мус. Иу æрдыгæй кæрæй-кæронмæ æнæхъæн мусы хус- саогæрæтты дæргъæй хуыссыди зыгуымы рæдзагъд аф- тæ æмæ йæ кæроп хæццæ кодта суанг зыгуымдонмæ. Зыгуымдои уыдис худæг, ахæм æдылы арæзт æмæ йæ иу "фарс хæрдмæ хæцыд, раст йæ иу базыр кæмæн асæт- ты, ахæм хъазы фарсау. Чысыл лæппу ма куы уыдтæн, уæд бирæ хорздзи- нæдтæ федтон æз ацы зыгуымы рæдзагъдыл: ам арæх ратул-батул кодтой буцхаст хуытæ се ’нкъарæнты ци- нæй къох-къох гæнгæйæ; сæ хъæдтых бырынчъытæй-иу ацы тæфгæнаг зыгуымы бирæ хæттыты афтæ адджын æмæ зæрдиагæй фæкъахтой, æмæ афтæ фенхъæлдтаис, цыма æцæг дæр хуытæ уыдысты. Стæй уыдон хъазæн ныхас! Уыдон узæлд! О, уымæн ныффыссæн дæр нæй, ныффыссæн. Фырцинæй ацы хуытæ кæрæдзи бирæ хæт- тыты рæхуыстытæ кодтой сæ бырынчътæй. Куыд тых- джын-иу ныхъыс-хъыс æмæ ныкъох-къох кодтой! Афтæ * Марани —сæнтæ кæм æфснайынц, ахæм бынат, ныккæнд. ** Хула — мæнгагъуыст. 29
нæ зæхкусæг хъазæгау фæгуыппытæ кæны йæ иог æр- хæсгæ усы. Чидæр афтæ загъта, «гуырдзиаг уарзт, дам, æлгъыстæй у», æз та афтæ зæгъын: хъазгæйæ нæмын> рæвдыд у, фæлæ нæмынæн администрацион хъуыддæг- ты æндæр нысаниуæг дæр ис. Уым нæмын зондамоны- ны документ у. Уый мах хъуыддаг нæу. Рагон чиновничы зæрдæйау кæрт мидæгæй уыдис чъизи. Стыр хъуыддаг уыд, мацæмæй ныцахуырстаис кæнæ дыл исты æвзæр смаг ма сныдзæвдаид, афтæмæй хицаумæ баирвæзын. Уый уал æддийæ, ныр та, мидæ- мæ бацæуæм къняз Таткаридзейы хæдзармæ. Уый уын хъуамæ бафæдзæхсон, æмæ кæд цæуæм. мидæмæ, уæд арæхстгай. Астæрд у агуирийæ, æмæ уы- мæн ницы у, фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ агуи- ритæ иуæй-иу рæтты схаудысты æмæ сæ бынæттæ уæр- мытæй баззадысты. Уым кæсын хъæуы тынг цырддза- стæй, кæннод дæ къах уæрмы куы фæуа, уæд мæгуыр^ де знаджы къона! Кæнæ дзы лæгæн йæ бæрзæй асæт- дзæн, кæнæ йæ къах. Æниу, æцæг, хæдзары хицау би- рæ лæгъз ныхæстæй хатыр курдзæн, фæлæ, уæхæдæг зонут, хатыр ракурынæй æвдадзы хосау нæ фæдзæбæх кæны саст бæрзæй, æмæ стæй цъæл къах сдзæбæх кæ- нынæн дæр хос нæу. Ацы фыдбылызæй лæгæн фервæ- зын йæ бон у, хæдзар рухс куы уаид, уæд. Фæлæ дзы кæд уый дæр нæй?! Кæд ын топпæхсæнæй егъаудæр хуынчъытæ ис дыууæ, уæддæр хæдзар у талынг, уы- мæн æмæ наз фæлгæттыл æвгты бæсты иу цыргъ зон- ды хицау баныхæста сойæ сæрст гæххæтт. Уымæн фæ- зæгъыиц, йе, «хъуыды хуыздæр у тыхæй, кæд æй лæг æрымыса, уæд». Мысынмæ та гуырдзиаг лæгыл, æнæ~ хъæн Европæйы тыхджындæр дамдумгæнæг чи у, уый дæр пæ фæтых уыдзæн. Æз бирæ хæттыты федтон æндæр рæтты дæр ахæм худæг фæрссæгтæ. Бирæ хæттыты федтон ацы фæрсса- джы судзинæй хуынчъытæгонд сæрст гæххæтт дæр: су- дзнны хуынчъытæй йыл арæзт вæййы, куы зæрдæйы ныв, куы дзуар, куы та йыл фыст вæййы æндæр исты,. цæвиттон, мæнæ ахæм: «Арс бæласыл куыд схиздзæн, иав-нанина!» — ацы хъуыддæгтæ сылгоймæгты арæзт хъуамæ уой. Æмæ æцæг афтæ куы уа, уæддæр цы мæнг у. Схъыг ис аргъуаны чиныг кæсынæй, йæ зæрдæ ца- вæрдæр хъуыдыты ацыдис æмæ йæ хъуыды рараст кæ- нын æмæ йæ æнкъард бонтæ бахардз кæныны тыххæйг бабадти фæрссагмæ, систа йæ риуæй судзин æмæ æры- 30
внæлдта хиирхæфсæн хъуыддагмæ. Æнæ куыст уыд. æмæ йын куыст разындис, ахæм æмбисонды фæрцы: «Æвзæр бадынæй, дам, æвзæр кусын хуыздæр у». Уыцы Таткаридзейы хæдзары кæрæдзи ныхмæ уы- дысты дыууæ даргъ тъахтийы. Уыдоныл ахæм бинаг нымæт æмæ гауыз æмбæрзт уыдысты, æмæ-иу æлдарьь ус куы сыстад, уæд-иу йæ уæздандзинады уæздан къа- хы уæздан айсты фæдыл рыг афтæ рæсугъд калди æмæ йæм лæг кæсынæй нæ бафсæстаид. Ацы дыууæ тъах- тийы астæу, скæсæн ’рдыгæй æнæдæндаг зæронд усы гом дзыхы хуызæнæй зынди æддийæ, мидæгæй сæджы чи иыссау, ахæм зылынтæ тохона. Хæдзар рæсугъддæр дарыны тыххæй дзы амыты-уымыты æвæрд уыдысты æндæр æмæ æндæр мигæнÆнтæ. Цæвиттонæн: хъараба- хаг урс цырыхъытæ цъыфæйдзæгтæй, æрхуы дурын был- тæ састæй, сойы æвдылд цырагъдарæн, æрхуы цайданы мидæг фых хосгæрдæг, балыхъы къæртт æмæ æндæртæ. II Лфтæ ма фенхъæлут, чиныгкæсджытæ, æмæ ацы хæ- дзар иу искæцы мæгуыр лæджы у æмæ уый тыххæй аф- тæ æнæзæрдæ рисæй уагъд уыдзæн, — нæ, уый хицауы къухты ис дыууын хæдзары хъæзныг цæрæг бинонтæ, афтæ, æмæ йæм æмбырд кодта дæс уæрдоны уонг хъа- лоп, бирæ нымæц фыстæ æмæ сæдæйы бæрц бæхтæ. Ахуыргонд æлдарæн ацы. бæхтæй иу дæр цагъарæй къаддæр нæу. Уый æрмæст йæ удæгас фæллой. Ныр ын ранымайæм йæ æнæуд фæлло^ дæр: дыууæ дардыл сæн- доны æмæ сæдæ фæндзай бонгæны тауыны зæхх. Уый бæрц мулк, райдай цагъарæй бæхмæ æмæ зæхмæ, куы. уа, цард аразын чи зоны, ахæм лæджы къухы, уæд дзæ- бæх къæбæр у. Уæдæ цæмæн афтæ мæгуырау у ам? — бафæрсдзæн мæ мæ чиныгкæсæг дисгæнгæйæ. Зæгъдзы- нæн уып æй: уымæн æмæ йæ хицау гуырдзиаг у, æмæ бынтондæр нæ дызæрдыг кæнын, хорз дзуапп уын кæй раттон, ууыл. О, ацы иттæг хорз хæдзары царди гуыр- Дзиаг лæг. Ахæм сабыр, адджын цард кодта 40 аздзыд лæг, æлдар, Таткаридзе Луарсаб, йæ æнæфæхицæнгæн- г# бинойнаг — æхсин Дареджанимæ. Æлдар Таткаридзе Луарсаб уыд рагон гуырдзиаг, Нард æмæ тымбыл, ма мæм фæхъыг уæд, куыд дзæбæх зылд хуы, афтæ. Иæ бæрзонддзинадæн æддийæ бакæс- 31
гæйæ уыд иттæг хорз уынд; афтæ стыр сæр ын у’ыд, -яшæ цыма уый уæзæй йе ставд къуыдыр бæрзæй йæ уæхсджыты ’хсæн нынныхсти; йæ уадултæ уыдысты сырх-сырхид, растдæр турашауаг сырх фæткъуыйы хуы зæн; æртывæлдах, цыбæллаг, фæлмæи дæллагхъуыр; цыма йын исчи йæ хъуыр бæндæнæй балхъывта, уый- ау æдзух дæр тугвæд уыдысты стыр цæстытæ, дардыл дымст æмæ фæрныг хытъын, цыбыр, нард æмæ хъуын- джын къухтæ, ставд къæхтæ, æппæт уыдон иумæ, æмæ сæ хицæытæй алчи дæр уыдис æлдар. Луарсабæн «ар- вæй лæвæрдгонд уды» аккаг хай. Уыцы «лæвæрдгонд уд» ннкуы зынд. Бынтон ныссусæг ис, ныппырх ис йæ бæрзонддзинады фиуты ’хсæн. Гуырдзиаг лæджы нæ хъæуы дымгæйæн йе ’рхæссæггаг дæр æмæ йæ ахæс- сæггаг дæр; не ’лдар уыцы лæваргонд уды дымгæ ма фепхъæла, миййаг? Табу хуыцауæн, Луарсабмæ ницы ахуырад уыди. Куы ахуыр кодтаид, уæд афтæ нард дæр ыæ уыдаид. Арæх вæййы афтæ, æмæ, уд куы мæллæг кæны, — уæд фыдызгъæлæы бæрæгбон вæййы, уд куы хæрзхуыз кæ- ны, уæд фыдызгъæл та мæллæг кæны. Афтæ зæгъынц: мæллæджытæ, дам, зæндджындæр уый тыххæй сты. Нæ Луарсаб, æнхъæл дæн, йæхæдæг дæр ницы мæт кодта, раст уый тыххæй æнæахуырæй кæй баззад, ууыл. — Æппæт уыдон ацы дуджы низтæ сты, — дзырдта- иу æпкъардæй Луарсаб, цыма йæ зæрдæ тынг рысти ацы нпзæй рынчыи адæймæгтыл. Æмæ растдæр уыдис йæ бæрзонддзинад: уый хъуы* дымæ гæсгæ адæймаг уыд æпæбын быркуы — хъуамæ дзы æрвылбон дæр кæнай хæрииаг æмæ нуазинаг, фæ лæ уæддæр уымæн байдзаг гæнæн кæй пæй, уый йæ бæрзонддзннад йæ сыгъдæг зонынады фæрцы зыдта йæ- ’хицæй, ацы иысаниуæг адæймаг æнæахуырæй дæр хорз кæй æххæст кæны, уæлдайдæр фосы дзугтæ æмæ ца- гъартæ, кæмæн ис ахæм цагъартæ, фосæй бирæ хицæн- дзинад кæмæ нæй. — Рæстæг аивта, — загъта-иу ныуулæфгæйæ Луар- саб, — рæстæг аивта. Ацы фыдбылызы скъолатæ куы бакодтой, мæ хур, уæдæй нырмæ гуырдзиаг лæджы амопд фесæфти. Уды смаг нал аззад нæ сывæллæтты!.. Хæргæ уыдон нал кæнынц, нуазгæ уыдон нал кæнышк цæй лæгтæ ма сты?! Чиныг зонынц? Æмæ чиныг æЗ кæд нæ зонын, уæд лæг нал дæн, худ мыл нæй æви ць$ Фыд цух нæ дæн, æмæ хуыз цух дæр афтæ. Чиныг цæй 32
лæджы дæсныйад у, уый у сылгоймаджы хъуыддаг, йæ нывонд фæуон фыццагон рæстæгæн! Уæд алцы дæр уы- дис йæ бынаты, алчи дæр зыдта йæ ран. Иæ нывонд фон, уас, йæ нывонд!.. Уæд дын хорз бæх, хорз топп, фидар цонг, æмæ уай дзæбæх лæг. Ие, Луарсаб! Зонын, ды сыгъдæгзæрдæ адæймаг дæ, ялы рагон гуырдзиаг лæгау, фæлæ ивгъуыд рæстæгæй уæгъды æппæлыс, нæдæр æй зоныс, зæронд рæстæджы раппæлинаг цы уыдис, уый! Ныр бæхтæ нал ис? Топп ныр милмæ нал фехсдзæн? Фидар къæхтæ цъус и? — Уыдои се ’ппæт ныр дæр сты, фæлæ нал ис, райгуырæн •бæстæйыл хорз бæх æмæ хррз топпы хорз хъуыддаджы ’рдæм чи здæхта, уыцы зæрдæ, .уыцы æнувыддзинад. Раздæр бæх æмæ топп фидыдтой лæгæй, ныр та бæх æмæ топпæй фидауы лæг. Хорз уыдис зæронд рæстæг, фæлæ мæнг не сты, нæ, Бесарион Габашвилийы ацы ныхæстæ дæр: «Иу ис мын хуыздæр у мин уыдисæй».— Уый зæгъæм æмæ ие ’взæгтыл æрхæцæм кæннод... Луарсабы кæд афтæ тыхджын тыхсын кодтой ныры рæстæджы низтæ, уæддæр йæ цæсгом æдзухдæр зынди уыцы æдылыгъуыз худæндзастæй. Афтæ фæзæгъынц: «Гал, дам, галимæ куы бабæттай, уæд кæнæ йæ хуыз аивдзæн, кæнæ йæ ахаст». Ацы æмбисонд æппæтæй хуыздæр фидауы æлдар Луарсабы хæдзары. Уымæн йæ зынаргъ ус-æхсин Дареджан уыдис йæ лæджы дыккаг фарс æмæ уыдысты «иу уд æмæ иу буар», аргъауæн чи- ныджы загъдау. Æмæ стæй цыхуызæн: уыйау — тым- был, уыйау нард, уыйау — худæндзаст æмæ, æгæрстæ- мæй, уыйау — æдылы дæр. Ацы диссаджы дыууæ æмуд æмæ æмбуар бæлоны æмбисонды адджынæй цардысты дунейы æнад цъæхахстæй дард ран. Уасæг-иу куыддæр ныууаспди, афтæ-иу фехъал сты ацы амондджын ус æмæ лæг, Дареджан-иу уайтагъд ратахти хуыссæнтæй, Луарсаб та, ацы хивæнд Луарсаб, хаттæй-хатт уæлдай митæ- уарзта. Гом риуæй-иу хуыссæнгæрзтæй тъахтимæ ратылди, нæтгæ-уынæргъгæ æмæ æндæр оххытæ кæнгæ- йæ, афтæ æмæ-иу хибарæй хаттæй-хатт суанг сихормæ æрвыста ацы æнæад рæстæг. *, Гуырдзиæгтæ афтæ фæзæгъынц: йæ буар, дам, Хъуынджын кæмæн у, уый, дам, амондджын у. Æмæ уый раст у, æгомыг фос дæр уымæн сты амондджын! Кæд уый афтæ нæу, уæд махæй бирæтæ цæмæн тыр- нынц фосы хуызæн суæвынмæ? Уымæн æмæ фос амонд- 3 И Чъавчъавадзе. З’*
джын сты, амондджын та уымæн сты æмæ сæ цæрмттæ* хъуынджын сты. Луарсабæн уын йæ буарæй цы зæгъон, фæлæ йын’ йæ риу куы федтаиккат, раст ын хуыйы хъисау разад,. афтæ æмæ уым тасы рæстæджы бирæ тæссаг змæлджы- тæ бамбæхстаиккой сæхи, фæлæ... Цы? Ома Луарсаб- амондджын нæ уыди? Уас йæ цæрæнбон мирæ уæд ацы. рæнхъытæ ныффыссæгæн, цас, уый хуызæн æлдары фырттæ тæхуды кæнынц йæ цардамондмæ. Æрм^ест йæ- буары хъуынтæ дæр фаг уыдысты, цæмæй йæм искæцы. æнамонд лæг бахæлæг кодтаид, æппын куы ницы уы- даид, уæддæр. Æниу цы хъуаг уыдис Луарсаб? Хуыз- ын нæ фаг кодта, æви фыдызгъæл? Æви йын, æндæр искæцы æнæарæхст лæгау, аудындзинад æмæ хъуыды- тæ йæ хуыссæг фæлидзын кодтаиккой, кæнæ йын йæ* мондаг фесæфтаиккой? Хуыз ын хорз уыди, фыдыз- гъæл — уымæй хуыздæр, хæрд, нуæзт, æмæ хуыссæгыл та дзурын дæр нæ хъæуы. Æндæр ма цы хъæуы, амонд- джын æмæ æнамонд хъуынджынæй чи æвзары, æмæ- йæ цæрæнбонты бындзытæ йæ худæй ратæр-батæр кæ- нын йæ амонд æмæ йæ хъысмæтæй нысан кæмæн у,. ахæм гуырдзиаг лæджы. Чиныгкæсæг, цымæ не схъыг дæ? Кæй зæгъын æй~ хъæуы, схъыг уыдаис: ам нæдæр уарзондзинады кæ- лæн митæ ис, нæдæр лæгмард, нæдæр æнæныфс сыл- гоймаджы кой, нæдæр доны бахауд, иу дзырдæй, хи- ирхæфсæн радзырдæй цыдæриддæр хъæуы, уыдонæй ам мур дæр ницы ис. Уæдæ схъыг уыдаис, ууыл цы дзу- рын хъæуы. Фæлæ ды, чиныгкæсæг, уый хъуамæ зонай, æмæ æз, дæлдæр къух æрфыссæг, ацы радзырд кæй нæ фыссын хиирхæфсыны тыххæй. Мæн фæндь* ацы ра- дзырд ахъуыды кæнын кæна кæсæджы, æмæ йæ кæд. схъыг кæна, уæд схъыг уа уый тыххæй, хъуыды æмæ хъыгдзинад æнæбауарзгæ хо æмæ æфсымæр кæй сты. Мæн фæнды, чиныгкæсæг схъыг уа уый тыххæй нæ, æмæ мæ уацмыс æнæзæрдæмæдзæуæг уа, фæлæ уыст тыххæй, æмæ ахъуыдыкæнинаг уа. Кæд уый бæрц са- рæзта æмæ йæ бон баци ацы æнæпайда фыстæгæн, уæд мæн уымæй фылдæр ницы хъæуы æмæ домгæ дæр æн- дæр ницы кæнын, ме ’рхæндæг кæсæг! Кæд уый нæ бан- тыст, уæд цы кæнон? Мæ зæрдæ ма уымæй фæфидар кæндзынæн æмæ «æвзæр бадынæй æвзæр кусын хуыз- дæр у». Ацы диссаджы æмбисонд цал æнæпайда адæй- 34
маджы фервæзын кодта æмæ ноджы дæр ирвæзын кæ- ны. Æз дæр уыдонимæ. Уæлдæр снысангонд тæхудиаг уавæры уæвгæйæ-йу ын мæлæтæй уæлдай нæ уыд, йæ адджын минас æмæ хибардзинад, ома йæ тъахтиныл ратул-батул-иу ын ис- чи куы фæхъыгдардтаид, уæд. Уый тыххæй дзы иуæй- иу æдылытæ дзырдтой, — уазæг нæ уарзы, зæгъгæ, фæ- лæ, ома, уый йæ чъындыдзинады аххос уыди? Æз ууыл дис кæнын! Æлгъин æмæ гуырдзиагæн æриугæнæн ас? Их æмæ зынг кæрæдзийы нæ атайын кæндзысты? Уы- мæ кæд уазæджы бацыд хъыг каст, уæддæр æм уый тыххæй хъыг каст, æмæ-иу хъуамæ сыстадаид æмæ йæ дарæс скодтаид. Сыстынæн ма ниды уыд, уый афтæ зи- вæг нæ каст Луарсабмæ. Йæ пысултæ скæныны уыдис йæ мæлæт. Æнæхъæн сæрды дæргъы айдагъ мидæг- гæгты йеттæмæ йæ уæлæ ницы скодтаид, кæд йæхи бар уыдаид, уæд, кæд нæ, уæд æндæр цы гæнæн уыд. Зы- мæджы ма-иу йæ хæдоны æддейæ æрбакодта кæрц дæр, кæд-иу æм стыр уазæг, дзырдæн диамбег, нæ бацыди, уæд. Æз цы рæстæгыл фыссын, уыцы рæстæджы диам- бег стыр гæс уыди: ныр, мæнæ ацы æлгъыст ахуырдзи- над куы æрбацыди, уæдæй нырмæ нал нымайынц дй- амбегы стыр лæгыл, æндæра раздæр — о, о, о! Цæй дынджыр хицау уыдис, цæ! Афтæ стыр уыд, æмæ чы- сыл ма бахъæуа, æлдары уазæг уатыл арæзт æмбисонд диамбегыл рацарæзтæуа: чысыл ма бахъæуа, дзурыи райдайой «диамбеджы фæхонын дæм хынджылæг ма кæсæд». Диамбеджы фæхонын хынджылæг кæнын кæй нæу, уый алы зæхкусæг иттæг хорз зоны абон дæр, æмæ йæ раздæр та æлдæрттæ дæр зыдтой. Дареджан нæ уыди Луарсабау зивæггæнаг, — ацы ран, хуыцауы раз дзурæгау зæгъын, — уыдон кæрæдзи хуызæн нæ уыдысты. Афтæ рауад æмæ хуызæй иу уы- дысты, зæрдæйы ахастæй та хицæнтæ. Æхсин Даре- джан-иу куыддæриддæр фехъал ис, афтæ-иу уæлиау ратахти тъахтинæй йæ сæрыл-иу акодта йæ ныхылда- рæн, уæлийæ-иу ыл æркодта йæ читмердин*, акодта-их йæ джиппæйфыст хъуымацæй къаба, хаттæй-хатт-иу ын фыр тагъдæй зыгъуыммæ конд дæр фæци, — йæ бæгъæв- вад къæхтыл-иу акодта йæ хæдбын фæлмæн дзабыртæ, æмæ кæс, мæ хур, ды уымæ, — фæцæй-иу тахт, сæ лæг- гадгæнджытæ кæм цардысты, цардысты нæ, фæлæ фы- Читмердин — кæлмæрзæн. 35
дæбонæй кæм мардысты, уыцы скъæтгондырдæм. Дис- саг дæр куыннæ уыдысты не ’хсины æнæхъуаджы тыхст митæ. Ахæм стыр, тымбыл, нард ус, арæх райсомæй æм- бис бонмæ æдзухдæр æнæрынцайгæйæ, æндахы къуы- былойау ратул-батул кодта. Куыд зыны, афтæмæй æнæ- хъуыддаг нæ уыд. Уый йæ рæбынкъæдзæй батъæпп кодта хуыйгæ-хуыйын фынæйгæнаг чызджы, ам йæ сæр æртъæпп кодта дысоны цырагъы сойæ ахуырст цырагъ- дарæгæн, йæ ком ивазгæ, зивæггæнгæйæ изæрмæ чи сæр- фы, уыцы бызгъуыр æмæ сæгæйдзаг лæппуйæн. Ам кæ- мæдæр фæмæсты ис — цæуыл? Æхсин æй йæхæдæг дæр нæ зыдта — цæуыл! Уым кæйдæр фелгъыста — цæй тых- хæй? Уый дæр нæ зыдта не ’хсин: æлгъыста, тæвд код- та, æфххæрдта æсин, — иудзырдæй, æнæхъæн æхсæв- иу æм цыдæриддæр æрæмбырди, уыдон-иу иууылдæр ныккалдта йæ дæлбар уæвджытыл, æмæ-иу стæй фæл- лад æмæ фæлмæцыдæй раздæхти; кæд-иу ыл фæнда- гыл фембæлди чызг, уæд йæ бон нæ уыд ма йæ ра- къæрцц кодтаид æмæ ма-иу ын «арвы цæф фæу», дæр йæ уæлæ ма аныхæстаид, стæй ма-иу, фæстагмæ, ты- хæй-фыдæй батылди йæ уатмæ, уым та-иу хаттæй-хатт, лалымау дымстæй, æлдар ратул-батул кодта æмæ кæд сæрд уыди, уæд царыл бындзытæ нымадта. Иу хатт диссаджы хорз быцæу æмæ уынаффæ æр- цыди се ’хсæн. Уый уыдис сæрды æмбисы, боны тæккæ тæмæны, сихоры агъоммæ, Дареджан уæлдæр равдыст- гонд балцы куы уыд æмæ сæр цæфтæ кæныны хæс сæх- хæст кæныны фæстæ хид калгæйæ куы бацыди хæдзар- мæ, уæд. Луарсаб бакаст æмæ куы федта, Дареджаны сырх уадултыл хид цъыкк-цъыккæнгæйæ, уæд йæхими- дæг райгондæй загъта: хорз хæдзарон æфсин у, хорз æфсæрмаг сылгоймаг у! Бузныг, ме сфæлдисæг, ахæм ус мын кæй слæвар кодтай, уый тыххæй. Афтæ загъта æмæ йæ амондæй райгондæй æлдар æр- зылд йæ иу фарсæй иннæ фарсмæ, хуыцау æмæ адæ- мæй бузныг уæвгæйæ. Ацы æрзылд уыдис, Луарсабæн цыдæр æхсызгон кæй уыд, уый нысан. — Кæм уыдтæ, дæ низтæ ахæрон, — бафарста æхси- ны, — афтæ тынг кæм бафæлладтæ? — Куыд кæм уыдтæн, дæ низтæ ахæрон? Фæллойад нæм ис, хæдзар, кæрт... Хъусдарын сæм хъæуы, мæ сæр дæ нывонд фæуа, — дзуапп ын ратта æхсин. — Афтæ, мæхи Дареджан, афтæ, мæ уарзон! Хъæ- батыр сылгоймаг дæр уый у. 36
— Уæдæ? — загъта йын йæ раппæлдæй буцгонд ус, — афтæ цырддзаст цæстæй хъуамæ кæсай лæггадгæнæг- мæ, кæннод хæрынæй дарддæр ницы сараздзæн. Лæп- путæм хъус дарын хъæуы. — Уæдæ, уæдæ! — Бирæ нæ зоны, куыд архайын хъæуы семæ, уый. — Уæдæ, нæ зоны, æндæр куы зонид, уæд хорз уа- ид бæргæ. — Хаттæй-хатт сæ хуымæтæджы истæй тыххæй дæр хъуамæ бафхæрай. Куы сæ рацæфтæ кæнай, уæддæр æвзæр нæ уыдзæн. Мæнæ æз, хыл сæм кæнын, мæсты сæ кæнын, фæнæмын сæ, фелгъитын сæ, фæлæ дæй тых- хæй, уый тыххæй, цæмæй сæ тас æмæ æфсæрм уа, кæн- нод де знаг афтæ!.. — Афтæ де знаг!.. Афтæ!.. — Адон зæхкусджытæ сты: зæхкусæг лæг та хæрæ- гау иу лæуд куы ныккæна, уæд æй фæнды цым лæдзæ- гæй нæм, йæ къах дæр ын нал атилын кæндзынæ, кæд дын раздæр дзæбæх над нæ уыд, уæд. — О, раздæр хъуамæ йæ бон зона. — Нæуæгæй та загъта, йæ усы зондджындзинадыл дис кæнгæйæ, Лу- арсаб, — афтæ, кæннод хæрæджы лæуд ныккæндзæн. — Афтæ нæу, æз цы загътон, уый мæнг у? — Мæнг цæмæн уыдзæн? Раст у. Дæ цахъхъæн усæн’ йæ фын дæр уырнинаг у, — æнæрхъуыдыйæ загъта Лу- арсаб, йæхæдæг дæр нæ базыдта, фыны кой цæмæн скодта, уый. Дыууæ дæр ныссабыр сты. Луарсаб йæ цæстыты цармæ ныццавта, уым къордгæйттæй бадтысты бындзы- тæ. Дареджан райдыдта къуымбил цъындатæ бийын. Иучысыл рæстæджы фæстæ Луарсаб загъта: — Дареджан, кæд зондджын сылгоймаг дæ, уæд ма ды базон, уæлæ уыцы фæйнæгыл цал бындзы бады? — Алæ-ма, кæм? — Уæлæ, цары фæйнæгыл. Куыд разынд, афтæмæй цалынмæ æнцад уыдысты, уæдмæ ацы æдылы Луарсаб бындзыты банымадта. Да- реджан ын цы зыдта. — Цал сты? — бафарста йæ Дареджан, — фæлæу, банымайон сæ. — Афтæмæй сæ æз дæр базондзынæн. Æнæнымадæй сæ базон, лæгдзинад уый уыдзæни. — Æнæнымадæй сæ базонон? Уæдæ хорз, уыдзысты æртын. 37
— Йе, йе, ницы базыдтай. — Уæдæ цал сты? — Цал сты? Зæгъон дын сæ? Нæ, нæ дын сæ зæгъ- дзынæн. — Зæгъ, кæд сæ зоныс, уæд! — Кæд ма лæг дæн, уæд цыппор хъуамæ уой. О, о, æз сæ базыдтон! — Кæй зæгъын æй хъæуы, базыдтай... Банымадтай сæ, ибон куыд бакодтай, афтæ. Афтæмæй сæ æз дæр базондзынæн. — Ды мын ма амæлай, мæ дзæбæх фыдыстæн, кæд сæ æз банымадтон. — Уæдæ цæмæй зоныс, цыппор сть1, уый? — Цæмæй? Уымæй æмæ мæм хъуыды ис. — Æмæ æз æнæхъуыды дæн? — Дæумæ дæр ис, фæлæ лæджы хъуыды æмæ усы хъуыды иу кæм сты? Æз сæ афтæ бакастæй базыдтон, цыппор сты. ■—Æмæ цыппор куы нæ уой? — Уæд мæ фæивар кæн. — Уæдæ сæ банымайæм. Ус æмæ лæг байдыдтой бындзыты нымайын. Афтæ рауад æмæ фæндзайæ фылдæр разындысты. — Базыдта сæ?! Хæснаг рамбулгæйæ загъта Даре- джан, — кæй зæгъын æй хъæуы, базыдта сæ! Хъуыды ис ме ’лдармæ æмæ сæ уымæн базыдта! Луарсаб фефсæрм, чысыл фæтыхсти: — Атахтысты, æндæра цыппор уыдысты, — загъта уыцы æдылы йæхи сраст кæныны тыххæй, — бæлвырд атахтысты. — Уый та хуыздæр, кæд атахтысты, уæд дзы ноджы цъусдæр ма хъуамæ баззадаид? Уым та фæндзайæ дæр фылдæр куы ис. Луарсаб фæджих ис, — «ай та ма цы ралæхурд- тон?» — загъта йæхимидæг, æмæ ма цæмæй къæпхæ- нæй йæхи фервæзын кодтаид, уый тыххæй йæ дæндæг- тæ базыхъыр кодта, — æхсин уый худын æнхъæлдта æмæ загъта: — Хуыцау сæ фесафæд, æз ууыл нал ахъуыды код- тон!.. Иуцыппар хатты сæ банымадтон. — Æмæ афтæ куы загътай, нæ сæ банымадтон. — Диссаг дæ! Куыднæ сæ банымадтон, уæдæ зонд- джын Соломон дæн, æнæ нымадæй сæ куыд базыдта- ин, куыд нæ сæ банымадтон, — уас хуыцауы æлгъыст 38
фæуæд, — фæрæдыдтæн, æндæра дæ рамбылдтаин, мæ уды гага, хуыцауыстæн, рамбылдтаин дæ. — Афтæ ма загъта фæгæдыуæвæг Луарсаб æмæ фæ- уæлахизгонд усы раз тади сæкæрау. — О, хæйрæг, афтæ нæ дзырдтай нæ сæ банымад- тон? — худæндзастæй йын загъта æхсин. — Сразы дын дæн, дæ низтæ, æндæр ма дæ цы хъæ- уы? — Дæ удæгас æмæ дæ амондджындзинад, мæ рæ- сугъд, æндæр мæ цы хъуамæ хъæуа. — Дареджан!.. — æфсæрмдзæстыг æмæ мæстыхуы- зæй загъта Луарсаб, — Дареджан!.. Кæд мæ уарзыс, уæд мæ рæсугъд ма хон. — Цæуылнæ, дæ низтæ ахæрон,.цæуылнæ? — Мæ цахъхъæн лæгыл уый нæ фидауы, мæ зынаргъ рæсугъд, чысыл хъæвдыны хонынц, уый куыдзы ном у, уый лæджы аккаг ном у? — Уæдæ ды мæ къæбыла нæ дæ? Ома нæ дæ? Æз дæуæй уый фыццаг хатт хъусын, — загъта Дареджан, æмæ йæ зæрдæ тъæппытæ хаудта, афтæ фенхъæлдта, иугæр ын йæхи къæбыла хонын нал уадзы, уæд æй уарз- гæ дæр нал кæны. Луарсаб бамбæрста, хæрз æнæхъуаджы кæй амæсты кодта йæ усы, æмæ йын цæмæй йæ маст æрбайрох кæ- нын кодтаид, уый тыххæй йæ дæндæгтæ фæзыхъыр код- та æмæ загъта: — О, мæ зынаргъ, о, дæ къæбыла дæн, уæдæ æндæр цы дæн? «Цы мæлгъæвзаг разынд ацы æмбисонды зæнæг, — загъта йæхимидæг Луарсаб- — æмдзæвгæтæ фыссæгау мæ цы уæзданæй схуыдта йæ къæбыла... Цы æвзаджы хицау у!.. Куыд æй æрымысыд!..» Луарсабы æрфæндыд уæздандзинадæн йæхæдæг дæр ахæм исты æрымысыдаид, фæлæ-иу куыддæриддæр фæл- вæрдта ацы хъуыддагыл, уайтагъд-иу йæ хъуыдыты смидæг сты алыгъуызон хæринæгты нæмттæ. Ахæм нæмттæй лæг кæй хъуамæ бабуц кæна? Фæлæ Луарсаб уæддæр ссардта рæвдауæндæр дзырд: — Ды зоныс, мæнæн цы дæ? — мæ уды хъыцъы, мæ зæрдæйы тъархуна, мæ хъуыдыйы... — Уый та цы схо- нон... Цæй цæхх фестæд. — Хорз нæ загътон, дæ фыды- стæн, дзæбæх не ’рымысыдтæн? Уыдæттæ радзургæйæ, Луарсаб йæ дзырдарæхстæй фæбуцгонд ис æмæ та йæ дæндæгтæ фæзыхъыр код- 39
та. Дареджан дæр дзы фæрайгонди. Афтæ-иу æрвыстой сæ рæстæг ацы ус æмæ лæг. Тæхудиаджы амондджын- тæ сты, нæ, мæ чиныгкæсæг?! III Луарсаб дæр зыдта лæппуты — йæхæдæг-иу куыд дзырдта, афтæмæй — «тасбауадзын». Æцæг, чысыл зи- вæггæнаг уыд, фæлæ йын уый бæрц бын баззад æмæ сæм кæсын нæ хъуыди? Ацы зæхмæ зилыны мæт-иу æй тъахтинæй рагæпп кæнын кодта. Уæд куы федтаиккат Луарсабы, цы рæсугъд уыди: бæгъæввад, йæ сæрыл цъæх къæбæлдзыг худ, сырх хæдон æмæ йæ дарддæр хайы гом риуæй, гуыбынджын, йæ лулæ йæ къухы хæс- гæйæ-иу бабырыди балкъоны æнцонгæнæнтæм, гуыбы- рæй-иу сыл ранцой кодта æмæ хуыссæгæй ныффæсус- гонд хъæлæсæй хъæр кодта йæ моурауи Датомæ: — Дато, фыдызгъæл схастай базарæй? — (уыцы хъæ- уы базар дæр уыдис). — О, дæ низтæ. — Цахæм кæрдих у? — Уоны уæллаг хай! — Физонæгæн та? — Сучъитæ ссардтон, дæ низтæ! — Зынаргъ адæймаг у, — ахъуыды-иу кодта тæри- гъæдгæнаг æлдар æмæ-иу загъта Датойæн: — хорз дæ, мæхи Дато! Лæг йæхæдæг куы ферох кæна, уæддæр* хуыцау нæ ферох кæндзæн, æлдарыл æнувыд чи сты, уыдон. Хорз дæ, ды мæ рахиз цонг дæ, мæ фидар цонг. Ахæм æппæлд фехъусгæйæ-иу Дато йæ сæр аныхта æмæ-иу æнæбары бахудти. — Сæндонгæс хъыцъытæ истытæ æрхаста? — бафар- ста-иу ноджы æлдар. — Æрхаста. — Тъархуна дæр дзы ис? — Ис. — Джитъритæ? — Джитъритæ дæр дзы ис. Луарсаб бахъæлдзæг ис. Тъахтиныл куы уыдаид. уæд фырцинæй-иу дыууæ хатты аратул-батул кодтаид. — Уæдæ нæ хæдзар йедзаг у, — загъта æлдар стыр> æхсызгонæй. — Кæд ма уыдыстут цух, дæ низтæ, абон цы уæл- дай хъуамæ уат?. 40
— Афтæ, мæхи Дато, афтæ! Æнувыд .лæггадгæнæг йæ æлдары хæдзары кад æмæ ном хъуамæ æгас дуне- йыл хъуысын кæна. Хорз дæ! Цух куы уа, уæддæр хъуа- мæ афтæ зæгъай: йедзаг у. Ды фæлтæрд лæг дæ, — æп- пæт адон зоныс. — Айбæрц лæг дæ къухы дæн æмæ сæ куыннæ хъуг- мæ зонон, дæ низтæ! — О, уымæй ма дæ афæрсон, — загъта чысыл фæ- стæдæр æлдар, — уæрдæттæ арвыстай? — Арвыстон, дæ низтæ! Уыдон- ныр хъæугæронæй* ахызтаиккой. — Кæдæм сæ арвыстай? — Хуыммæ, дæ низтæ! — Цал сты? — Цыппар дзы æлдары зæххытæ кусынæн æмæ дæс та бегарамæ. — Бегарамæ фынддæс цæуылнæ сты? — Мæ адæм фынддæс уæрдоны сæ цæрæнбонты дæр< нæ сифтыгътой, дæ низтæ, æмæ абон кæцæй сифтыгъ- таиккой. — Фынддæс хъуамæ уыдаиккой! Цæуылнæ сты? Æз* нæ зонын, фынддæс хъуамæ уыдаиккой. Куыд хъуамæ- уа? Æлдарæн лæггад хъæуы, уæдæ æз æлдар нал дæн!.. Гæнæн ис!.. Пуй! Фынддæс хъуамæ уыдаиккой... Æз ба~ цамондзынæн уыдонæн, æз æлдар кæй дæн, уыдон та^ цагъартæ, уый. Æмæ æцæгдæр Луарсабмæ бегарайы уæрдæттæ дæ- сæй фылдæр никуы сифтыгъдæуыд. Уæдæ ма афтæ тынг цæуыл скарз ис? Дато дæр не ’мбæрста ацы скарзы ах- хосæгтæ! Уый дисгæнгæйæ касти йæ æлдармæ æмæ- хъуыды кодта æрра фæци, зæгъгæ, æви цы кæны. Бæ- гуы нæ, Луарсаб æцæг сæрра уыдзæн!.. Æмæ кæд æнæ- хъуаджы смæсты ис, уæддæр ын исты бындур уыдис йæ сæры тенкайы йæ зынаргъ æфсинау йæхæдæг дæр> тынг арæхсти йæ лæггадгæнджытæ æмæ йæ цагъартæй’ пайда кæнынмæ. — Æлдар йæ зæхкусæгмæ хъуамæ ахæм ахаст да- ра, — дзырдта-иу зондджын æлдар, — афтæ, дам, ын’ хъæуы, цæмæй дзы æрвылбон дæр тæрса, кæннод, дам,. зæхкусæджы хуыйы сыстау, дæ къахыл куы сывæрай,. Уæд дæ сæрмæ сбырдзæни. Уæдæ! Тас, дам, æвзæрын! кæны уарзондзинад. Афтæ, мæхи Луарсаб, афтæ! Фæлæ ацы амондджын адæймаг уый нæ- зыдта æмæ* 41
жнæ исты аххосæй айхуызæн æнæхъуаджы мæстыты тыххæй зæхкусджытæм бынтондæр æндæрхуызон тæр- хон æмæ хатдзæгтæ вæййы. Ие, чиныгкæсæг, ды цыфæн- ды дзур, фæлæ ацы ус æмæ лæг афтæ æнхъæлдтой, сæ гуыбынтæ æфсæст кæй сты, уый у, æрмæстдæр цагъар- тæй пайда кæнын кæй зонынц, уый фæрцы. Ахæм æдылы митæ не ’нæхин æлдар хуыдта лæп- путы «æрцахуыр кæнын». Фидарæй йæ уырныдта, зæгъ- гæ, ацы «ахуыр кæныи» хæдзарæн афтæ æиæмæнгхъæ- уæг у, куыд хæрд æмæ нуæзт адæймагæн. Уый тыххæй- иу куыддæриддæр хæдзармæ бацыдис, афтæ-иу сæры- стырæй загъта йæ усæн: — Тыхæй ма арвыстон уæрдæттæ, тыхæй (Луар- саб мæнг ныхас дæр уарзта). Хуыцау ралгъитæд зæх- кусæджы! Цалынмæ сæ сæргъ не слæууай æмæ сыл дзæбæх нæ ныхъæртæ кæнай, уæдмæ, дын сæ къух дæр ницæмæ фæкæндзысты. Афтæ дæр ма вæййы! Æз куы нæ уыдаин, уæд нæ хойраг быдыры нымбыдаид. — Афтæ, дæ низтæ, афтæ, — бацырддæр-иу æй код- та Дареджан, уымæй æппæлгæйæ, — афтæ хъæуы. Еуа Адамы куы фæрæдийын кодта, уæдæй фæстæмæ хуы- цауæй дзырд ис, цæмæй нæ хидæй хæрæм кæрдзыны къæбæр. — Уый æлдæрттæм нæ хауы, — загъта Луарсаб, — уый зæхкусджытæм хауы, зæхкусджытæм. — Æмæ уæд æлдæрттæ кæм уыди? — Куыднæ уыди? Уыдысты! Махæн нæ мыггаг уæ- дыккон у. — Цытæ дзурыс? Ахæм ныхæстæ кæныс, цыма æп- ’пындæр ницы æмбарыс. Уæд Адам æмæ Еуайы йеттæ- мæ никуы ничи уыдис æмæ Адам йæхæдæг йæхицæн :æлдар кæм уыдаид? — О, æцæг, уый нал" æрбаймысыдтæн. Нæ, мæ зы- ’наргъ, мæнæ йæ дыргътæ цы бæласæн радавтой, уый ’цы хъæд уыди? — Хæрзиуæг æмæ масты бæлас. — Еныр нал ис ахæм бæлас? — Куыднæ? — зæгъынц, уырысы паддзахы дыргъдо- ’ны, дам, иу сыгъзæрин хæдзар ис. Уый мидæг, дам, ис :æмæ, дам, ыл æдзух дæр налхъуыт сыфтæртæ зайы. — Изумруд сыфтæ уыдзысты, — бараст æй кодта Лу- ^арсаб. — О, æцæг, изумруд уыдзысты, изумрудтæ (зынаргъ дуртæ) дæр .сыфтæрты хуызæн цъæх вæййъшц/ Кæй зæ- 42
гъын æй хъæуы, изумруд у. Æмæ йæ дуртæ та алмастæ æмæ налхъуыттæ сты. — Тæхуды, куы дзы ахæрин, ад уыдон мидæг уы- дзæн, йе! — Тæфтыл дæр дæ нæ бауадздзысты: йæ алыварс, дам, денджызы змисæй фылдæр æфсад бады. — Уæдæ йæ хонткари* куыд радавта? — Куыд, куы, афтæ: уыдис иу фея.** Фея цæргæс фестади, бахъуызыд, ратыдта дзы иу стыр алмас, аны- хьуырдта йæ æмæ афтæмæй ратахти. — Ахаста йæ, ахаста йæ! Цы фыдбылыз уыди, цы! — Уæдæ, ахаста йæ. Стæй паддзахы ус бацыди, куыддæриддæр ауыдта, иу стыр алмас дзы уым нал ис, афтæ йæ фехъусын кодта уырысы паддзахæн. Уырысы паддзах уайтагъддæр фæфиппайдта, ацы хъуыддаг хонт- кари кæй сарæзта, уый æмæ йемæ хæст расидти. Уыцы хæст нырма дæр нæ фæци. — Уæдæ йын баззади, баззад ын? — Чи йын цы зоны? — нырма хæст нæ фæци. — Тæхуды, æз æй куы радавын кодтаин. — Æмæ дæ уæд куы ’рцауыгътаиккой. — Куынæ йæ базонын кодтаин: аныхъуырдтаин æй æмæ ма мын стæй мæ гуыбын кæм лыг кодтаиккой. — Лыг нæ, фæлæ ма дын уæлдай дæр ракодтаиккой. — Цæмæй йæ зыдтаиккой, мæнмæ ис, уый? — Куыннæ стæй, иу дæсны дæр нал ссардтаиккой, цæмæй йæ бафарстаиккой. — Æцæг, æцæг, уый мæ зæрдыл нал æрлæууыд. Фæ- лæу-ма, цы дын зæгъон, зоныс: Адам цы алмас аны- хъуырдта, уый та цы фæци? — Сакъадахаг паддзах, дам, æй денджызы ссардта æмæ, дам, уымæ ис. — Кæс, дæ хорзæхæй, уый дын хуыцауы рæстдзинад дæр! Æз æй куы ссардтаин, уæд хуыздæр нæ уыдаид? — Стæй дын æй чи ныууагътаид? Уый тыххæй Скæ- сæн æмæ Ныгуылæны паддзах ныр дыууæ азы куы хæ- ньт Сакъадахаг паддзахимæ. — Уæдæй нырмæ йын æй нæ байста? — Нæй. — Æй, цæй тыхджын у, цæ!.. — Æниу æй æз нæ зонын, тыхджын у, уый! Искуы * ХонтХари — туркаг султан. Фея — тынг рæсугъд чызг. 43
ма афтæ дæр фехъуыстæуыд, паддзах у æмæ æдых уа. — Паддзах Ерекъле ма куы уаид еныр, уæд ын æй æнæмæнг байстаид. Стыр хъайтар уыд, — зæгъынц. — Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, байстаид æй, фæлæ кæм ис? — Тæригъæд нæу, уый еныр сыджыты æмбийа, æмæ дæ тиу Давид та гас уа! — Кæс, дæ хорзæхæй, бæстæйы мæнгарддзинадмæ! Уымæн ма ницы у, фæлæ паддзах Тамара хъуамæ сау сыджыты уа æмæ дæ чындз Елисабед та хурмæ кæса! — Цы чындæуа, дзыллæйы хыгъд афтæ у, — загъта Луарсаб, афтæ арф ныуулæфгæйæ, æмæ йæ разы цы- рагъ куы сыгъдаид, уæд уайтагъ’ддæр ахуыссыдаид. Райсом-иу Луарсаб æмæ йæ ус æхсин Дареджан^ уæлдæр кæй кой кодтон, уыцы хæдзары куыстæгтæй фервæзгæйæ, æрбадтысты цай цымыныл æмæ-иу сæхи дзæбæх ныддымстой «хъарм донæй» (афтæ хонынц. хъæууонтæ цайы). Чысыл фæстæдæр, уæлдæр кæй кой кодтам, дыууæ ахæм зæндджын уынаффæйы фæстæ æр- лæууыди сихорафон дæр. Æмæ та-иу уæд ныддæнгæл сты «нæхирдыгонау, зæронд æгъдауыл». Луарсаб-иу, фæллад уæвгæйæ, радзырдта зæрдиагæй: «Стыр буз- ныг, хуыцау, кæй мæ бафсæстай, уымæй», — куыддæ- риддæр-иу ацы дзырдтæ загъта, афтæ-иу йæхиуыл дзу- ар бафтыдта, сыстад-иу стъолы цурæй æмæ уайтагъд ба- тылди тъахтийыл. йæ цардæй райгонд уæвгæйæ-иу йæ гуыбын æртъæпп-æртъæпп кодта йæ армы тъæпæнæйг æмæ дзырдта æппæлгæйæ: «Кæд æз æнахуыр дæн, уæд æз зонын... Цы хуыйны... Æз зонын, æххормагæй мæ- ахсæн хæлы, уæдæ цы? Хæлы, уый мæ гуыбыныл дæр зыны». Фæлварыны хуызы ма-иу ноджы йæ къухæй æр- хоста йæ гуыбын, цыма йæ сгаргæ кодта, тынг над’ у æви нæ, уымæй æмæ-иу куы. базыдта, хорз у, уый, уæд- иу уæлдай адссызгондæрæй базыхъыр кодта йæ дæн- дæгтæ, бæхы дæндæгтау, æмæ-иу ноджы загъта: «Уæдæ Луарсаб æнахуыр у æмæ уымæн æххормаг у». Сихоры фæстæ фынæй, стæй та ноджы хъал, стæй та ноджы цай, стæй та æхсæвæр æмæ та, боны фæстагмæ, уыцы уарзон фынæй, — афтæ адджын æмæ сабырæй цыд ацы дыууæ æнæаххосаг удгоймаджы æнæмаст цард ацы ду- нейы. Дуне куыд ницы зыдта уыдон уæвындзинадæн, афтæ сæхæдæг дæр хæрд æмæ нуæзтæй дарддæр ницы зыдтой ацы хуыцауы конд фæлдурæджджын дунейæн. 44
IV Ахæм хуызы æмæ уый бæрц зонды фæлварæнты ив- гъуыдта сæ райсом. Сихоры фæстæ-иу дзæбæх куы фæ- фынæй кодтой, изæры рог дымгæ-иу дардыл йæ базыр- тæ куы айтыгъта æмæ-иу цæхæрадоны æмбонды даргъ аууон кæртмæ куы æрбахæццæ, раст уыцы афон-иу æх- сии Дареджан йæ сæрыл æркодта ног чындзы конд йæ сæрæмбæрзæн, йе ’рфгуытыл-иу бæрзонд схæцыд, аууо- ны-иу байтауын кодта ихсыд гауыз æмæ-иу ыл æрбад- ти йæ ног дарæсы мидæг, ахæм гæды митæ кæнгæйæ. Луарсаб дæр-иу йæ иударон лулæ рахаста, йæ бæгъ- нæг къæхтыл-иу акодта йæ-хæдзарон дзабыртæ æмæ иу рацыд арæх йæ сырх хæдоны, уымæй арæхдæр та йæ чысыл фæтастгонд цъæх къæбæлдзыг худы, æмæ-иу дыууæрдæм тезгъо кодта рог дымгæмæ. Куыд зонут, афтæмæй изæр нæ хъæуты, уæлдайдæр Къахеты, уазæгуаты рæстæг у. Куыддæриддæр ацы ца- вæрдæр æлгъыст рухсад æрбацыди нæ бæстæмæ, афтæ цъусгай-цъусгай куынæг райдыдта нæ зæронд кадджын æгъдау дæр. Иуæй-иутæ ныр зонынадимæ цæуынц уа- зæгуаты, æндæра фыццаг изæры рæстæг стыр кадджын уыди. Изæрыгæтты-иу Дареджан дæр уымæн гæды ми- тæ кодта, — ахъуыды ма кæиут, æгæрыстæмæй ма-иу,— хьыг мæм ма фæут, йæ синтыл дæр базтæ баста, цæ- мæй ставддæр зындаид. Æз цы рæстæгыл фыссын, уы- цы рæстæджы кринолин нæ уыдис, фæлæ куы уыдаид, уæддæр уыцы хъæуы онг цы бауагътаид ацы юбкæты паддзахы. Алчидæр хррз зоны, рухсад сындæг кæй цæ- уы, уый, уæлдайдæр махмæ бынтон къуымых кæны æмæ уыцы хъæумæ бахастæуыдаид номдзыд «хабарда»-ты. Раст уын зæгъон, иуæй-иу хъæутæн сæ цурты фæндæг- тыл дæр нæ бацыдаид ацы рухсгонд кринолин, уый онг куы бахæццæ уыдаид, уæддæр< — Æхсин, хуыцау дын дæ цæрæнбон бирæ фæкæ- нæд! — загъта иухатт иу сыгъдæг конд хъæууон чындз, йæ даргъ дзыккутæ тилгæ æмæ йæ былтæ фыруæзда- нæй. счъилтæ кæнгæйæ. — О, хуыцау дæ фæцæрын кæнæд, мæхи Бабале! Цы хуызæттæ дæ, дзæбæх? — бафарста йæ Дареджан дæр, афтæ æмæ йæ ’хсинады кад бынтондæр нæ фæныллæг кодта. — Цæй, цы хуызæн дæн, дæ низтæ! Нæ хæстæджы- ты дыргъдонмæ нæ къамбец бауади æмæ йæ хуымгæ- 45
стæ æрцахстой, ныр дыууæ боны кæрты у ахст. Иеныр,. дæ уды фæхъхъау æрбауон, лæхстæ дын кæныи, фæха- тыр мын сæ кæнын кæн, нæ хæстæгдзинад дын дæ цæ- рæнбон бирæ фæкæна, дæ иывонд фæуон! — Цы? Ома йæ рауадзын кæнон? — О, дæ хуры стæн, уый дын лæхстæ кæнын, не- ’хсин! — Уый куыд уыдзæн, мæхи Бабале? Æцæг у,- дæ- къухæй натлиагонд дæн, фæлæ хъæу сызмæлдзысты,, аууыл афтæ райдайдзысты. — Афтæ, хуыцау йæ цæрæмбон бирæ фæкæна не- ’лдарæн æмæ дæ стæй цыдæриддæр фæнды, уый мын бахæс кæн. Мæнæ уын ныртæккæ дæр, дæ фæхъхъау фæуон, æрбахастон-иу тыхт зæлдаг. Сымах æмæ хуы- цауы фæрцы, кæд ноджы нæ бон бауа, уæд дарддæр* дæр уæ коммæгæс хъазартæ стæм. Бабале йæ дзыппæй систа зæлдаджы тыхт æмæ йæ ратта æхсинмæ. Æхсин æй райста, йæ быны йæ акодта æмæ загъта: — Уый куы нæ уыдаид, уæд мæ бон цы у, уый дын нæ сарæзтаин! Луарсаб, Луарсаб! — фæхъæр кодта йæ лæгмæ. Лæг уым кæмдæр дыууæрдæм рацу-бацу кодта æмæ иу дыууæ хатты зыдæй фыдхор каст бакодта хæрз- конд, гуырвидыц ног чындзмæ. Луарсаб æрбацыди. — А1æнæ Бабалейы къамбец хуымгæстæ æрцахстой* æмæ дæ куры, цæмæй йын æй рауадзын кæнай. Луарсаб бакаст нæуæг чындзмæ. Чындз æгъдаумæ- гæсгæ йæ сæр азылдта иннæрдæм. Луарсаб та йæхи- рдыгоиау йæ дæндæгтæ азыхъыр кодта, цыма йын æх- сызгон уыд йæ фенд æмæ мондагæй схудти. — Къамбец, дам!.. — О, къамбец, — загъта Дареджан, мæнæ дын иу тыхт зæлдаг дæр æрбахаста. — Уæдæ хорзГ.. Дато!.. Лæппу! Дато! — фæхъæр код- та Луарсаб, — ныццу æмæ хъахъхъæнæгæн зæгъ иыр- тæккæ нæ натлиайы къамбец куыд рауадза, кæннод сæ- иууылдæр дымды хай фæкæндзынæн. Загъта æмæ ма ноджы мондаджы зыхъыр фæкодта йæ дæндæгтæ æмæ стыр уæлахиздзинад хæссæгау сæрыстырæй ацыдис уынгтæ нæмынмæ. — Æй, хуыцау дын ноджы фылдæр кад æмæ цыт ратца, хуыцау ддэ барæвдауа иу дзæбæх лæппуйæ æмæ йæ мæ риуы æхсырæй схъомыл кæион, æлдар æмæ æх- син. 40
— Кæсыс, кæсыс, — загъта Дареджан, Луарсаб куы ацыдис, уæд, — куыд сæм смæсты, иууыл дæр сæ ны- пырх кæндзæн. —- Стыр бартæ йын ис, дæ нывонд фæуон, æмæ уы- мæн. — Уый дæр, о, фæлæ йæ хъæлæс дæр дардыл хъуыст у хъæуы мидæг. Мæнæ Давид, мæ тиу: лæгыл дæр æй ничи нымайы. — Ие, дæ нывонд фæуон, уый сымахмæ къахдзæф- тæ хъæуы, уæд афтæ цæуы, цыма Елисабед дæр æлда- ры ус у æмæ ды дæр. — Ды йын йæхи бафæрсис, уый æмсæр ам иу лæг дæр нæй. О, уæд бон дæр йæ æмгъуыдæй раздæр фæ- талынгдæр уыдзæни! Знон нæ дыккаг хæдзæрттæм уыд- тæн, уыдон чызг дæр уырдæм æрбацыди. Уый уыдонæй цытæ фæдзырдта, уый адæймаджы дзыхæй никуы-ма фехъуыстæуыд. — Цы, мæ хæлар, цы? — афарста йæ тагъдгомау æмæ æнæбыхсгæйæ Дареджан. — Цы, цы, уый æмæ мæгуыр чызг йæхи армæй ссар- гæ æхцатæй балхæдта иу зæлдаг кæлмæрзæн. Уый йын æй федта æмæ йæ байста. Æмæ дзы ныр, мæзæрдийæ,. йæ сæр бастæй дары. Чызджы тæригъæдæй нал фæра- зæм, æхсины стæн, ахæм уынгæг зæрдæйæ куыдта уы- цы æнамонд. Æз цы дæн? — уæ къæхтæ сæрфынæн дæр нæ бæззын, фæлæ уымæн тæригъæд кодтон, мæ фыды стæн. — Æй, æй, æй, бакæс уымæ, уыцы ’лгъыстмæ! Æмæ ма стæй йæхи æлдары фырты ус хоны. Байсынæн ницы у. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсины хъуыддаг у: чызг дæр мæн у, æмæ йæ зæлдаг кæлмæрзæн дæр, фæ- лæ чызджы зæлдаг кæлмæрзæн байс æмæ дзы дæхи сæр бабæдт, — уый комкоммæдæр худинаг æмæ мæлæт у. Уартхæфс, дам, йæ къах радардта æмæ афтæ: æз дæр, дам, сыкъаджын фос дæн. 0, арв æй æркъуыра! Уыйфæстæ ма йæхи махмæ æрбаласы, æлдары фырты У-с, дам, дæн. Æндæр ницы уал загъта уыцы чызг? — Æндæр ницы загъта. — Ма мын сæ басусæг кæн, мæхи Бабале! Зоныс,. •æз дыл хорзы ’рдæм аудын, кæд ма исты дзырдта, уæд мын æй зæгъ. — Ницыуал загъта, мæ фыдыстæн, æндæр куы загъ- таид, уæд дæуæй цы хъуамæ бамбæхсон? — Цы зонын? — зæгъын кæд тæрсыс, миййаг. 47'
— Лæгæн уæ хуызæн аудæг куы уа, уæд цæмæй хьуамæ фæтæрса? — Æз дæр уый хъуамæ загътаин, мæхи Бабале. — Æцæг зæхкусджытæ стæм, фæлæ мах дæр æмба- рæм ахæмтæ. Кæмæй хъуамæ тæрсон, сымах мын ам куы стут. — Уæдæ æндæр ницы загъта? — Мæ мард фен, кæд ма уый исты загъта. — Загътаид. — Уæд мæ иунæг хъæбул амæлæд, кæд ма уый исты загъта. — Мæ зæрдыл мын æй æрбалæууын кодтай: куыд у, куы, дæ лæппу? — бафарста йæ Дареджан, уæлдай дзы куы ницы уал ракъахта, уæд. — Цы куыд у, дæ фæхъхъау фæуон, æхсин! Де знаг дæр афтæ куы ’рбарынчын уаид, мæнæн уый куыд рын- чын у. Цы нæ йын кодтон: кæрдæджыты йæ ныннад- тон, баарфæтæ йыл кæнын кодтон, ладантæ дæр ыл ба- бастон, фæлæ йын дзы æппындæр никæцы баххуыс код- та, афтæ мацы баххуыс кæнæд де знагæн дæр! Сымах- мæ дæр ма мæ бацардыдтой, сымах дæр, дам, диссаджы арфæтæ кæиын зыдтат. Баххуыс мын кæнут исты, мæ бæсты уын хуыцау баххуыс кæндзæн. — Æз арфæтæ кæнын зонын æрмæст сачъичъи (æр- мæст сæр риссын) æмæ калмы хæстæн. Дæуæн, ома, дæ сывæллоны низ сачъичъи у? — О, дæ хуры стæн, сачъичъи у, — йæ сæр фæцæй- тоны риссынæй. — Чызг, Ламазисеули! — ахъæр кодта æхсин, — ауай, нымæты бынæй мын рахæсс фыссæн сис æмæ гæххæтт. Æз дын ныффысдзынæн арфæтæ, мæхи Бабале, фыст гæххæт ын бакæн, чердыгæй йын риссы, уыцы ’рдыгæй, афтæ йæ ныууадз дыууæ, æртæ боны, кæд сачъичъи у, уæд уайтагъддæр фæтары уыдзæн. — Кæсыс, чиныгкæсæг! Æз афтæ æнхъæлдтон, Да- реджан æнæахуыргонд у, фæлæ ма йæм бакæс, цытæ зоны? Ныр æй æрхъуыды кодтон, йæ чындз Елисабед (ныр дыууæ хатты йæ кой куы ракодтам) алы ран су- сæгæй дзырдта, зæгъгæ, дам, Дареджан хин кæнын дæр зоны, зондджын Соломоны чиныг дæр, дам, бакаст. Уый тыххæй йæм хуыцау хъыг кæны æмæ, дам, ын сы- вæллон дæр уымæн нæ дæтты, фæлæ айхуызæн хахуы- рыл æз куыд баууæнддзынæн? Елисабед сомытæ код- та, зæгъгæ, дам, уый афтæ у. Уæддæр ыл нæ баууæн- 48
дыдтæн: нæ арфæгонд царды æгъдау уын зындгонд куыд у, афтæмæй чындз чындзы знаг у. Æмæ канд уый хуызæн дам-думтæ фæмысыди Елисабед Дареджаныл? Уыцы рæстæджы, уым æввахс, йæ фындз зæххы ны- тъысгæйæ, цы куыдз хуыссыди, уый ныррæйдта. Фæлæ йæ цæстытæй куы ракасти æмæ куы федта дыууæ æр- бацæйцæугæ сылгоймаджы, уæд йæ рæйын ныууагъта æмæ мæсты хуызæй, æгомыг хъуыр-хъуыргæнæгау йæ фындз йæ къæхтæй къахт сыджыты нытъыста. Даре- джан дæр ракаст ацы хъæлæбамæ. Федта æхсин Ели- сабед æмæ йæ зæлдаг кæлмæрзæнæй баст æнкъард чыз- джы. Дареджан сыстад. — Рахизут нæм, мæ чындз, — адзырдта Елисабед- мæ, — тыхæй ма нæ æрхъуыды кодтат! — Дæуыстæн, æрулæфт мын нæй. Ай, дам, уый у, уый, дам, ай у, хæдзар, дам, у, кæрт, дам, у, уæхæдæх зонут. — Ардæм рацыт, ам уазалгомау дæр у, — хуыдта сæ Дареджан. — Уæлдай нæу, — загъта Елисабед, — аппæрста йæ къæхтæй йæ рог дзабыртæ, бахызт гауызмæ æмæ æр- бадт Дареджаны фарсмæ. — Æнæуый куыдтæ стут, мæ чындз? Мæ тиу Давид дзæбæхтæ цæры? — райдыдта та Дареджан. — Дзæбæхтæ стæм, — загъта Елисабед. — Хæдзары ис? — Ай хуызæн рæстаеджы зæхх æмæ тыллæджы хи- цау хæдзары фæлæудзæн? Хуымы ис ныр дыууæ бо- ны, — рæхойæн ныхасау загъта Елисабед æмæ æвæндо- нæй бакаст Луарсабмæ. Луарсаб дыууæрдæм рацу-ба- цу кодта, уый нæ мæт кодта тыллæгыл дæр æмæ зæх- хыл дæр. Дареджан фæмæсты ис. Уый афтæ фенхъæлдта, Ели- сабед йæ уис раздæхта Луарсабы ’рдæм. — Цы диссаг у, йæ хæдзары хицауиуæг кæнын кæй бæрны бакæна, ахæм лæг кæмæн нæй, стæй чысылæй фæстæмæ афтæ чи схъомыл, æмæ хур судзгæ дæр æмæ зиан дæр кæмæн нал кæны, уый хæдзары нæ ныллæу,- дзæни, — мæ Луарсаб уый нæ сараздзæн. — Æз дын уый кой нæ кæнын, — батагъд кодта Ели- сабед. — Æз дæр дын уый кой нæ кæнын! — загъта Даре- джан. — Æз æрмæст уый зæгъынмæ хъавыдтæн æмæ 4. И. Чавчавадзе 49
Луарсаб нырма уый бæрц нæ фæтыхст æмæ зæххы куы- стмæ æрхауа. — Зæххы куыстмæ, дам, æрхауа!.. Цы загътай, мæ чындз? Нæ, дæуы стæн! Тыллæг æфснайыны рæстæджы хæдзары чи нæ лæууы, уый ома уый тыххæй нæ лæууы æмæ тыхст у, кæнæ йæ хъуагдзинад æркæны уымæ, зæхкусæгау бегарайы адæмимæ мусы йæ хид кала? Ма мын амæлæд уæртæ дæ тиу, ома, зæхкусæг у, кæнæ зæххы куыст кæны, иугæр хуымы ис, уæд. Дæуы стæн> æппындæр нæ! Кусджытæ уым кæрдынц, дæ тиуæн та, æлдары фырты уæздандзинадæн куыд æмбæлы, афтæ йæ къухы ис æрмахуыр рæсугъд цæргæс æмæ цуан кæ- ны. Знон дæр, изæры ’рдæм, быдырæй хæринагмæ цы лæппу æрбацыди, уымæн æнæхъæн хызыны дзаг уæрц- цытæ рарвыста. Уым худинагæй цы ис? Дæ низтæ, пад- дзæхтæ дæр цуан кæнынц æмæ уымæн цы худинаг у!.. — Нæ, дæуыстæн, мæ чындз, æз мæ тиуы тыххæй нæ дзырдтон. Уый дæр Луарсабы æфсымæр нæу? Иу туг, иу стæгæй не сты? Æз нæ зонын, иннæтау уый дæр æхсырфæй кæрдынæй йæ къухтæ нæ фехалдзæн, кæнæ уыцы æнтæфы хурмæ йæхи нæ судздзæни, уый? Æз нæ зонын, æцæг æлдарæн уыдæттæ йæ бон кæй нæ бауы- дзысты, уый æмæ, раст дын куы зæгъон, уæд нæ дæр сæрмæ хæссинаг сты ацы митæ: æлдар хъуамæ æлдары митæ кæна, зæхкусæг та — сау куыст. — Дæуыстæн, раст загътай! — Намæ куы нæ уа, уæд цы: хæхтæ æмæ быдыртæ чи сфæз кодта? — Ничи, дæуыстæн, хуыцауы фæндон чи хъуамæ фе- хала? ’ Ацы рæстæджы Дареджаны хъустыл ауад къæхты хъæлæба дæр, акаст æмæ федта йæхи чызг Ламази- сеулийы. Уымæн йæ къухы уыд цахæмдæр гæххæтты сыф æмæ йæ хъуыр саст кæмæн уыд, ахæм хосы авг черниладоны бæсты. — Кæм уыдтæ уæдæй нырмæ? Уый цæугæ дæр акод- та, — загъта йын Дареджан. — Нырма ам ис, уæртæ мæнгагъуысты ис Таплуаи- мæ, — загъта чызг. — Уæдæ хорз, — загъта Дареджан, æрывæрдта йæ уæрджытыл гæххæтт æмæ райдыдта фыссын сачъичъи- йы’арфæтæ, Ацы рæстæджы бацыдис Луарсаб дæр. Иæ уæлæ уыдысты йæ куырæт æмæ йæ хæлаф. Зæрдиагæй салам ратта йæ чындзæн, батылд гауызмæ хæстæг цъæх 50
кæрдæгыл, бакъул кодта йæ лулæйы.даргъ хæтæл йæ дынджырд гуыбыныл æмæ кæсын* райдыдта хæрдмæ, ар- вы æрдынцармæ. Диссаджььныв æвдыста ацы;къорд; ныффысдзынæн æй, кæд мæ бон бауа, уæд. Нырма уал чызгæй райда- йæм* Худаег цыдæр уыдис, ацы« Ламазисеули: цахæмдæр, фыднард,т бæзæрхыг, чъизи, йæ уæлæ уыд джиппæй- фыст дæрзæг хъуымацæй къаба, æмæ уымæн дæр чъи- зийа? йæтхуыз нал зынди! Иæ фæрстæ уыдысты сыгъд- тытæ. Зымæджыгиу Ламазисеули артмæ æгæр хæстæг. кæй бадт,;уый аххосæй йæ фæдджитæ нымбыдысты æмæ ныскъуыдтæ сты, йе скъуыдтæй .зынди цавæрдæр æм- быд хъæццулы скъуыддзаг. Уый йæ алыварс уыд къа- байæ дæлдæр æмæ афтæ зынд, цыма юбкæ у. Æй, арв дæ æркъуыра, кæсут, уый дæр мын юбкæ скодта! Иæ сæрыл баст уыди, æхсин кæй аппæрста, ахæм бызгъуыр кæлмæрзæн. Кæлмæрзæны скъуыдтæй мутакайы къуым- билтау дзыгуыртæй зындысты йæ сау-сауид дзыккутæ, æмæ, — бахатыр кæнут, — фæлæ сæ цæрæнбонты сæр- васæн нæ федтой æмæ сæ æмызмæлд кодтой лысчъы- тæ, йæ сау къæхты зæвæттæ ныскъуыдтæ сты æмæ зын- дысты сывзалыгонд æхсидæвты хуызæнæй, йæ къухтæ иал зындысты цъæх æнгузы ахорæнæй, йæ цæсгом уыд агты алайæ амæхст. Ахæм уыдис, йе,,Дареджан Лама- зисеули • (диссаджы рæсугъд) кæй хуыдта , æмæ ныр- тæккæ. æрмтæ дæлармæй ихсыд гауызмæ кæсгæйæ чи лæууыд, уыцы цæрæгой. Гауызыл бадтысты дыууæ рæ- сугъд, æмæ уæздан æхсины — раздæр уын куыд загъг тон, афтæ — дыууæ æхсины, фæлæ æндæр æмæ æндæр хуызæттæ: сæ-иу нард æмæ сырхуадул, иннæ та — мæл- «лæг æмæ æгъуыз, нард æргуыбыр кодта æмæ фыссы, мæллæг цырдæй йæ цæстытæ радав-бадав кæны фыс- еæджы къухты фæдыл, ома кæд исты базонин, цы фыс- сы, уымæй, хаттæй-хатт чызгмæ дæр йæ цæстытæй амо- нь! æмæ йæ сæр дæр банкъусы уый амонгæйæ, зæгъгæ, ^рдæбон афтæ кæмæй загъта ацыди, уый чи уыди». Чызг ын æй уырдыгæй амыдта, фæлæ йæ Елисабед нæ бамбæрста. Уæд чызг йæ сæр иннæрдæм азылдта, йæ иæсгом йæ къухæй бамбæрзта, цыма йæм худын цыд, Елисабед зæрдиагæй кæй архайДта йæ бамбарыныл æмæ кæй ницы æмбæрста, ууыл, æмæ æфсæрмы дæр Кс>дта,,зæгъгæ, куыд йæ ныфс хæссы æлдары усы цур хУДынмæ. Иуæрдыгæй, кæрдæджытыл хъæлдзæгæй хуыс- 51
сы уæлгоммæ æмæ сым-сым кæны нæ Луарсаб, уæлæ- мæ кæсы лулæйы фæздæджы цæгты фæдыл, кæддæра, зæгъгæ, арвы мигъты онг схæццæ уыдзæн йæ фæздæг, æви нæ. Иннæрдыгæй, гауызæй чысыл дæлдæр æмбон- ды мидæгæй онгкалдæй, йæ цæстытæ æрцъынд кодта æмæ раздæрау, йæ бырынкъ зæххы нытъысгæйæ, хуыс- сыди нæ зонгæ стыр куыдз. Чысыл хъæлæбамæ дæр тыххæй ракæсы йæ цæстытæй æмæ бахъыс-хъыс кæны, цыма мæсты кæны, кæй сыхъал вæййы, уый тыххæй, стæй та йæ цæстытæ фæстæмæ бацъынд кæны. Чысыл æввахсдæр лæууы иу чъизи самовар. Йæ цуры ныггуы- быр кодта, чызгæй ноджы чъизидæр æмæ бызгъуыр- дæр пысултæ кæуыл ис, ахæм лæппу. Уый йæ тых, йæ бонæй фу кæны самовары. Хаттæй-хатт ахæм хуызы акæсы, куыдз æнцад-æнцойæ кæм хуыссы æмæ кæм улæфы, уыцы ’рдæм. Хаттæй-хатт ын бахæлæг кæны йæ цардмæ, æмæ йæхи мидæг зæгъы: —тæхуды дæ къо- на ацы куыдз! Уæд та æз дæр куыдз куы уыдаин! Ацы æнаккаг бæстæйы цъаммар ныв худинаггаджы тызмæгæй иу кодта ацы кадджын хуссары арвимæ, йæ æрдын цары иугъуызон арф æмæ æрвгæрон æрттывди- мæ, кæцыйæн йæ алыварс, æнæаскъуыйгæ хаххæй æрт- тивгæ ронау, зындис хæхты цъуппыты æрвгъуыз рæхыс. Рæстæг ацыд. Дареджан фыст фæци йæ арфæтæ æмæ гæххæтт радта чызгмæ, куыд дын загътон, афтæ бакæн, зæгъгæ. Стæй раздæхт Елисабедмæ æмæ йæ цæмæй фæурæд- таид, уый тыххæй ^та ногæй райдыдта ныхас. Луарсаб ма йæ сæнттæ цæгъдыныл уыдис æмæ фæздæг калдта йæ лулæйæ. — Ацы аз уæ ’ хойраджы æркæнд куыд у? — бафар- ста Дареджан Елисабеды. — Дæуыстæн, фаронæй къаддæр у. Дæ тиуы æртын уæрдоны ныфс ис, — ралæхурдта Елисабед. — Уый хорз æркæнд у, æхсин. Æртын уæрдон хъа- зын нæу; махæн дæр æрцæудзæн уый бæрц, фæлæ ма- хæц сымахæй дыууæ хатты фылдæр конд уыди, — уай- тагъд æй фæсайдта Дареджан дæр. — Цытæ дзурыс, мæ чындз, махæй фылдæр сыма- хæн цæмæн уыдаид. Махæн бирæ конд уыдис ацы аз. 1 — Цæмæн уын уыдаид? Мах июлы мæйы рацыды- стæм хуым кæнынмæ, сымах та сентябры мæйы дæр нæма рацыдыстут. 5?
Нæ, дæуыстæн, мах сымахæй раздæр рацыды- стæм. Махæн бирæ кæнинæгтæ уыдис. — Æхсин, уæдæ дæ кæд фæнды, уæд Луарсабы дæр бафæрсæм. Уый лæг у æмæ йæ хуыздæр зондзæни. — Луарсаб! — фæхъæр кодта æхсин йæ лæгмæ. — Цавæр у? — бафарста йæ Луарсаб æмæ йæ сæр зынтæй разылдта йæ усы ’рдæм. — Дæ чындз афтæ зæгъы, цыма ацы аз махæн уы- донæй къаддæр хуымгонд уыдис. — Цытæ дзурыс, мæ чындз, ацы аз, сымах цас ба- кодтат, мæнæн цыппар ахæм конд уыдис, — загъта Лу- арсаб. Ахæм цауты рæстæджы Луарсаб уыдис æгæр æппæлой. — Цы зæгъыс!.. Мæнмæ цас тыллæг æрцæуа, уый бæрц æнæхъæн Къахеты дыууæмæ дæр не ’рцæу- дзæни. Картлийы дæр бирæмæ не ’рцæудзæн. Фендзы- нæ, кæддæра мæ мусы цал цъына самаин. Ахæм цъы- натæ уыдзысты, ахæм, æмæ... æмæ... Куыд дын зæгъон? Кæд дæ фæнды ацы хæдзарæй дыууадæсы йæстæ, æр- мæст мацы æрцæуæд Луарсабыл! Мæнæн цыдæриддæр уыдис, уыдон иууыл дæр конд уыдысты. Мæ фароны сæндонау ма уа, мæнмæ цас сæн æрцæуа, уый бæрц Къахеты дыууæмæ дæр не ’рцæудзæн. Картлийы та сæм мæ сæны æрдæджы ’рдæг дæр не ’рцæудзæн. Уæдæ! Кæд уый раст нæу, уæд паддзахы цард цæмæй кæнын? Цæмæй? Леуанау мæ уæрдæттæ æргъыл нæ кусын кæ- нын. Æлдары мыггаг нæ фæхудинаг кæндзынæн, соми- хаг нæ дæн, миййаг æМæ мæ уæрдæттæ æххуырсты дæт- тынæй цæрон. Æлдары фырт дæн — хорз хæдзар æмæ хорз мыггаджы фырт. Ноджы ма цыдæр хъуамæ загътаид, фæлæ йæ Ели- сабед фæурæдта: — Æцæг у, мæ тиу, Леуан йæ уæрдæттæ æххуыр- сты дæтты? — Æцæг, уæдæ! Уыцы æдзæсгом, мыггаджы худи- налтæнæг у уый, мыггаджы. — Никъолоз дæр сæ куы дæтты, мæ зæрдийæ, — бафтыдта ма йæм Дареджан. — Уæдæ! — дзуапп радта Луарсаб. — У, цъыф ныккæла сæ сæртыл, хорз мыггаджы ном хæсджытæ дзы уыдон разындысты, йе, — загъта Елиса- бед. — Уæд та æлдары фырт куы нæ уаид! — зæрдæ æф- хæрдау æм бафтыдта Дареджан. Хъуыддаг дæр уый у æмæ æлдары фырт кæй у! — 53
’фидарæй загъта Луарсаб. — Æлдары фырт куы нæ уа- ид, уæд цы фæнды кæнæд. Кæнæ зæхкусæг куы уаид, кæнæ сомихаг, уæддæр ма о, фæлæ мæ уый мары, æл- дары фырт кæй у. Куыд фесæфтысты адæм, уæ рынтæ ахæрон! Уый дæр ма æрыййæфтон æмæ æлдары фырт йæ уæрдæттæ æххуырсты дæтты! — Стæй цы мад æмæ фыды фырт у! — загъта Даре- джан. — Уый у хъуыддаг, уый, — бафтыдта йæм Луарсаб. — Афтæ куыд хъуамæ фесафа лæг йæ кад, — загъ- та уыдон фæстæ Елисабед дæр. — Уый фæстæ ма æлдар æмæ зæхкусæг цæмæй хъуа- мæ хицæн кæной кæрæдзийæ: зæхкусæг дæр æрвиты йæ уæрдæттæ æххуырсты æмæ æлдар дæр. Сæ иу дæр æх- хуырсты мыздæй цæры æмæ се ’ннæ дæр. ТДæмæй ма сæ хъуамæ ахицæнчындæуа? — бафарста Луарсаб. — Дæуыстæн, ницæмæй! — загъта чындз. — Æппындæр ницæмæй! — бафидар æй кодта йæ ус дæр. — Сыдæй куы мæлин, сыдæй, æмæ мын сæдæ уæрдо- ’ны куы уаид, уæддæр, мæ сæр амæлæд, æз уый мæ сæр- мæ куы бахæссин. Ды та, мæ чындз? — У, у, фæлтау раздæр æрбамæлон. Канд мæ сæр- мæ йæ нæ бахастаин, нæ, фæлæ мæхи къухæй мæхи амардтаин. Дзæгъæл мын баззайæд, æххуырсты кæй радтон, уымæй æрбахæсгæ фæллой. Уый цæй æлдары хъуыддаг у! — Ды та, Дареджан, — бафарста зыдмондаг æлдар йæ усы. — Нæдæр æз, — загъта Дареджан. — Уæдæ æз дæр нæ, — загъта Луарсаб ахæм хуы- зы, цыма ацы æртæйы хъуыдыйæ æртæ бæстæйы хъыс- мæт аскъуыддзаг ис. — Нæ, рæстæг тынг раивта, мæ чындз! — дарддæр дзырдта Луарсаб. — Адæм фесæфты- сты, сæ туг сцъаммар! — зæгъ-ма, мах рæстæджы чи æрхъуыды кодтаид, кæцы æлдар фæхудинаг кодтаид йæ- хи, йæ уæрдон æххуырсты чи радтаид. Дурты æхсæн æй нæ ныммур кодтаиккам? Худинаггаджы бын æй нæ фæ- кодтаиккам? Фæлæ ныр та? Æгæрыстæмæй ма сæны базар дæр кæнынц, хуыцауы ’лгъыст фæуой!.. Искуы ма афтæ дæр уыд? Æлдæрттæ базар кæнынц! О, хуы- цау, бæстæ куыд нæ фæдæлдон кæныс, куы? Æлдæрт- тæ сомихæгтæ сты, сыгъдæг сомихæгтæ: æрмæст ма сын уый нæ фаг кæны, сæ дæлæрмтты адлитæ бакæной "54
аемæ хъæуты рацу-бацу кæиой «уæййаг, уæййаг» хъæр кæнгæйæ. — Уый дæр райдайдзысты, дæуыстæн, — загъта Ели- сабед, — æрмæст æй мæнæн хуыцау мауал æрыййафын кæнæд! — Ард дын хæрын, æхсин, райдайдзысты, æмæ дæ уырнæд, — загъта Луарсаб мæстыйæ. — Туг ма нæм ис? Фесæфти туг, сцъаммар ис. — Æцæг дæр фесæфти, — загъта Дареджан. — Цæвиттон, Закарайы ус знон мæнæ цы ми бакод- та, — радзырдта фыдæвзаг Елисабед, — зонут, цы ми бакодта? — Иæ лæггадгæнæгмæ смæсты. О, о, мæсты- гæр у ацы Закарайы ус? — Стæй цы хуызæн! Тæссаг! — фидарæй загъта Да- реджан. — Лæггадгæнæгмæ смæсты ис, — райдыдта та Ели- сабед, — рабынæй йæ кодта, йæ къахæй фелвæста йæ дзабыр, афтæ йæ фæнадта, афтæ, æмæ йæ туг омынты фæкодта. — Нæ, хуыцауы тыххæй, раст зæгъыс? — дис гæн- гæйæ йæ бафарста Луарсаб. — Дæ цардыстæн! — Уый цы зæгъыс, дæ низтæ? — чизоны чысыл лæп- пуйы фæнадта? — Хъуыддаг дæр уый мидæг ис æмæ чысыл лæппу- йы куы фæнæма, уæд уымæн ницы у, æз дæр фæнæ- мын, — загъта Елисабед. — Æз дæр фæнæмын, дæуыстæн, — дзуапп ратта Да- реджан, — гыццыл лæппу æмæ чызгæй уæлдай нæй, чи цы хъуамæ зæгъа, æхсин чызджы фæнæмдзæн, уый тых- хæй? Афтæ чысыл лæппуйы куы нытыссæг кæна, уæд- дæр ын ницы кæны. — Касй зæгъын æй хъæуы, — дзырды бар райста Елисабед, — чысыл лæппуйы фæнæмыны тыххæй ничи зæгъдзæн, фæлæ уый та ацæргæ лæг у. Æмæ сылгой- маг ахæм лæджы куы нæма, уæд уый дæр ницы кæны, уæ хорзæхæй? — О, ме сфæлдисæг хуыцау! — загъта Луарсаб æмæ йæхиуыл дзуар бафтыдта. — Уый цытæ хъусын, уæ рын- тæ бахæрон: сылгоймаг йæ цæсгомыл йæ къух уый ’бæрц хъуамæ сиса æмæ ахæм лæджы фæнæма? Нæмы- нæн мур дæр нæу. Уый тыххæй æлдарæн чи цы хъуа- мæ зæгъа. Ие æлдар нæ дæн, куы мæ бафæнда, уæд æй фæнæмдзынæн, куы нæ мæ фæнда, уæд та — нæ,— 55
фæлæ нæлгоймаджы нæлгоймаг хъуамæ фæнæма, ныры онг никуы ма æрцыди ахæм хъуыддаг, æмæ сылгоймаг нæлгоймаджы фæнадта. Ис ын лæггадгæнæг чызг æмæ йæ цас фæнды, уый йас дæр æй нæмæд — уæд зæрдæ- мæ дæр цæуы. Фæлæ нæлгоймаджы... Хуыцау бахиз мæ- адæмы тæригъæдæй. — Æмæ уый цы... — хъуамæ та райдыдтаид йæ ха- хуыргæнæн дам-думтæ Елисабед, фæлæ йын ацы рæ~ стæджы цай балæвæрдтой. — Дæ ныхас ма ферох кæн, мæ чындз, фæлæ уал цай айс, — загъта Дареджан. — ’Рывæр уал дæхицæц, уæлдай нæу, — дзуапп ын ратта Елисабед æмæ йæ къух бадардта агуывзæмæ. Алкæмæн дæр раттой най. — Елисабед куыддæриддæр цымын райдыдта, афтæ- ’рывнæлдта, райдианы цы ныхас фæуагъта, уымæ: — Уый уын дзырдтон: ацы зыд Никъолоз та цы са- рæзта, уый зонут? Тезгъо кæнын райдыдта йæ кæртою чызгимæ. Иу хатт уыдис изæрмилтæ, — цыдæр асусу- бусу кодта Дареджаны хъусты, — лæппутæ йæ федтой„ æхсиныл æй сардыдтой, ацы мæгуыр сылгоймаг дæр ба- цыдис æмæ æрхауд, бауадзыги. Уый æгъдау у, æлдар?.. — Æцæг зæгъыс? — Ды цæрай! — ахæм хахуыр фæкодта Елисабед, æмæ цыма Никъолозы усыл йæ зæрдæ риссы, уыйау ма йæм бафтыдта: — æз уыцы мæгуыр усæн тæригъæд кæ- нын, æндæра Никъолоз фæнды дурты бын фæуæд. — Тасы рæстæг ныл не ’ркодта, уæ рынтæ бахæ- рон? — зæрдæбынæй загъта Луарсаб, — комкоммæ бæ- стысæфт æрыввахси: лæг лæджы митæ нал кæны, ус — усы. Æнæхъуаджы нæм нæ фæзындысты ацы къæдзил- джын стъалытæ. Хуыцауы цæф фæуыдзыстæм, æвæццæ- гæн. Хъусæй никуы ма фехъуыстæуыд æмæ æвзагæй дæр никуы ма загъдæуыд ахæм хъуыддаг æмæ ус лæ- джы фæнæма, кæнæ лæг йæ усы цур æргомæй ахæм ми- тæ кæна! Худинаг нал ис ацы рæстæджы. Нæ цæсгом фесæфт. — Нæ, уыцы æлгъыст сусæгæй куы бакодтаид аф- тæ, уæд ма ницы уыдаид, — загъта Дареджан. — Сусæгæй куы бакодтаид ахæм ми, уæд чи цы загъ- таид? — аскъуыддзаг кодта Луарсаб йæ ныхас. — Раз- дæр нæ уыд ахæм хъуыддæгтæ, адæм нæ уыдысты æви цы? Фæлæ’ раздæр æмбæхст уыдысты иууыл дæр, аф- тæ æмæ йæ адæймагæн нæ базонын кодтаиккой. — Би- 56
рæ ахæмтæ æрцыди раздæр дæр, фæлæ дзы искуы истьг фехъуыстат? Уæд иууыл афтæ сусæг æмæ арæхстджы- нæй зыдтой алцы дæр, уымæн æмæ сын цæсгом уыд^ Ныр, мæ хур, ницæмæй уал æфсæрмы кæнынц, цæсгом^ сын нал и, фесæфти бæстæ. — Комкоммæ дæр бæстысæфты нысæнттæ сты, — бафтыдта йæм Дареджан. — Раст у, раст æмæ ма уын мæнæ цы базыдтон:. Чызг æмæ лæппуйы арвитут æмæ уын æй зæгъдзы- нæн, — загъта Елисабед. Чызг æмæ лæппуйы арвыстой. Елисабед йæ алыварсг йæ цæст ахаста æмæ куы федта ничи уал дзы ис, уæд уый хæстæгдæр бабадт, Луарсаб -дæр къæрццхъусæйг йæхи баввахсдæр кодта, Дареджан дæр йæ кæлмæрзæ* ныл йæ фæсхъустæм схæцыд, цæмæй хуыздæр хъуса^. Елисабед ныллæг хъæлæсæй райдыдта дзурын. — Айразмæ къæдзилджын стъалы куы фæзынд^ хъуыды ма кæнут? — Куыннæ, — æмхъæлæсæй загътой ус æмæ лæг. — Уыцы бон, мæзæрдийæ, залиаг калм зылди хуры фæстæ, уый дæр фехъуыстат? — Куыннæ, куыннæ, — загътой тарст ус æмæ лæг иумæ. — Уыцы къæдзилджын стъалы æмæ залиаг калмьг тыххæй сомихы сауджынтæ рафæлдæхтой сæ къараба- динты сыфтæ æмæ загътой, — ам Елисабед ноджы йæ хъæлæс фæныллæгдæр кодта, — æлдæрттæн, дам, сæ цагъартæ ист æрцæудзысты. — Æй, уынгæджы дæ къона куыд фæци, Луарсаб, — загъта Луарсаб фæлурсæй, — уый цы загътай, цы? Нæ* уын загътон, æхсинтæ, зæгъын, хъаймæт хъуамæ æр- цæуа. Уый хуыцауы азар у, йе! Æмæ иууыл нæ тæ- ригъæддзинæдтыл разылд. Мæ фыд Заалы стæн, За- карайы усы дæр, Леуаны дæр æмæ Никъолозы дæр мæ зæвæтты бын ныккæндзынæн. Ацы хабар иууыл уыдон хъуыддаг у. Стæй сæ уадз æмæ дæттæнт сæ уæрдæттæ æххуырсты! — Цæуыл афтæ стыхстæ, мæ зынаргъ! — загъта Лу- арсабæн йæ ус, — сомихæгты къарабадиныл куыд æу- уæндыс! Фарон нæ дзырдтой, зæхх, дам, галы сыкъа- йыл лæууы, уыцы галæн, дам, йæ иу сыкъа асаст æмæ, Дам, дуне хъуамæ афæлдæха, фæлæ мæнг рауади. Га- реджайаг дæсныфæрсæг афтæ загъта, нæдæр, дам, йæ сыкъа асаст, нæдæр æндæр исты. 57
— Бæлвырд, уый мæ зæрдыл нал æрбалæууыд! — ныр загъта Луарсаб сабырæй. — Дам-дум уыдзæн. Кæй бон бауыдзæн, мæ зынаргъ, сомихæгты къарабадины дзырдæй чи байсдзæн паддзах Ерекълейы лæвæрттæ? Уый дæр ма, о, фæлæ мын цагъартæ дæр куы нæ уал уа, уæд ма цæй æлдар уыдзынæн. Къарабадин нæ, фæ- лæ зондджын Соломоны чиныг куы феста, уæддæр мæ нæ бауырндзæни. Æниу цæй уырнинаг у. Кæй зæгъын æй хъæуы, уырнинаг нæу, фæлæ зæхкусджыты ’хсæн ацы хабар айхъуысти, — æмæ уый æвзæр хъуыддаг у дæуыстæн, — загъта Елисабед. — Айхъуысти, дам, цы ма уыдзынæн, уæдæ! — ме \вдарад мын исдзысты! Æниу фарон нæ дзырдтой, дзæ- нæтыбæстæйы, дам, æлдæрттæ хъуамæ хъазартæ суой, хъазартæ та — æлдæрттæ, фæлæ мæ уд йæ фæхъхъау хуыцауæн, уым дæр, дам, æлдар æлдар у, хъазар та хъазар, ам куыд у, афтæ. Англисы дзæнæтыбадинаг паддзах, дам, фыстæг сырвыста Францы паддзахмæ æмæ афтæ фыссы: «Ма тæрс, мæнæн дæр æмæ, дам, ме стыр лæгтæн дæр ам ис, уæлзæх нын цы кад уыд, уы- мæй стырдæр кад. Ма, дам, дæ бауырнæд, уæлæ цы дзæнгæда цæгъдынц, уыдæттæ». — Кæй зæгъын æй хъæуы, уый афтæ уыдзæн: æл- дар æмæ хъазарад рауагъта хуыцау, æмæ сæ хуыцау й&хæдæг цæмæн хъуамæ фехæла? Уас йæ нывонд фон хуыцауæн, — загъта Дареджан дæр. — Аргъауæн чиныджы фыст ис хуыцау, дам, хуы- цауæн æмæ къейсартæ та къейсартæн, къейсартæ стæм мах, — загъта Елисабед. — Раст зæгъыс, мæ чындз, чи ралæудзæн чиныджы дзырды ныхмæ? — бафарста йæ Дареджан. — Ды цæрай, ничи! — бафидар æй кодта Елисабед, стæй сыстад сæхимæ ацæуыны тыххæй æмæ сын загъ- та: — хорзæй баззайут! — Хорзыл амбæл, мæ чындз, фæлæ-иу лæппутæн зæгъ, мæнг ныхас, дам у, — загъта йын Луарсаб. — Сымах дæр афтæ куы бакæниккат, уæд хуыздæр уаид, уыдон зæхкусджытæ сты, æнцонæй æууæндынц мæнг ныхасыл дæр æмæ раст ныхасыл дæр. — Хорзæй баззайут, — раарфæ сын кодта Елисабед æмæ ацыди. Æмæ акодта уыцы мæгуыр чызджы дæр. — Хуыцау, ды мын мацы кæн; цæй хахуыр хæссаг у, цæ!.. Бæгуы фыдæвзаг нæу, нæ!.. — загъта йæ лæгæн Дареджан Елисабедæй. 58
Ай цы æрбаймысыд, дæ рын бахæрон, нæ хъазар- ты, дам, нын хъуамæ байсой! Йæ къухтæ ныццагъта Лу- арсаб. — Æмæ дæу уайтагъд куы бауырныдта! — Къарабадин, дам, æй загъта, æмæ дæ ма бауыр- нæд. Гареджайаг дæсныфæрсæг сомихаг къарабадины бирæ хæттыты кæй фæгæды кодта, уый та хъуыды нал æркодтон, хуыцауыстæн. — Æмæ дæ хъуыды кæм уыди? — О, хуыцауæй арфæгонд фæуай! Мæ хъуыды ам уыдис, ам, фæлæ йæ æз нал æрымысыдтæн. Цы фе- хъуыстон, уыдон иууыл мæ зæрдыл куы лæууиккой, уæд ма мæн дæр цы хъæуы; зондджын Соломон бæргæ уаин! Науæд, цæмæй зонын, дунейыл цал хæйрæджы фæлдыст и. Чи зоны ай дæр уыдонæй исчи уа. Цы нæ ’рцыди нæ тæрипьæдтæй ацы тæригъæддаг бæстыл? Гæ- нæн ис æмæ уый дæр æрцæуа, фæлæ цырддзинады хуы- зæн ницы и, айхъуысын кæнæм, мæнг ныхас у, зæгъгæ. — Кæй зæгъын æй хъæуы, мæгуырау нæ уыдзæни, мах уымæй цы сафæм? — Дæуыстæн, ницы, — ныртæккæ дæр фæдзурдзы- нæн Датомæ æмæ йын зæгъдзынæн. Дато, Дато! — фæ- хъæр кодта æлдар. — Хъусын, æлдар, хъусын, ныртæккæ дæм фæцæ- уын, — дард кæцæйдæр райхъуыст Датойы ныхас. Чысыл фæстæдæр бахæццæ Дато æмæ бафарста йе ’лдары: — Цы зæгъдзынæ? — Уый дын зæгъын æмæ, афтæ кæй дзурынц, нæ хъазарты нын исынц, зæгъгæ, уый мæнг у. Æмбарыс, æви нæ? Алкæмæн дæр зæгъ, мæнг кæй у, уый. Пад- дзах æрырвыста, афтæ, дам, чи зæгъа, зæгъгæ, уый раст у, кæнæ йыл хъуыды дæр чи акæна, уый, дам, æрца- уындздзынæн. Бамбæрстай? — Бамбæрстон, дæ низтæ, бамбæрстон! —дзуапп рат- та Дато. — Æмæ исчи хъуыды кæны ууыл? Мæнæ чыз- джытæ æмæ лæппутæ хынджылæг кæнын байдайынц, дæ низтæ, æмæ уыдоныл чи баууæнддзæн. Æвзонг сы- вæллæттæ, кæй бафæнддзæн уыдон ныхасыл баууæн- дын. Фæдзурдзысты æмæ ныссабыр уыдзысты. —Афтæ-иу зæгъ æндæр ран дæр, мæхи Дато! На- уæд сымахæн дæр цæмæй хорз уыдзæни, мах уын куы нæ уæм, уæд?! 59
— Де знаг афтæ уæд, дæ низтæ, мах куыд уыдаик- кам! — Цы-фæнды куы дзурой, уæддæр мах, куыд уæхи фыдтæ, афтæ уын хицауиуæг кæнæм. — Раст у, дæ низтæ, комкоммæ дæр нæ фыд дæ, æмæ мах дæ фырттæ стæм. Кæд нæ хаттæй-хатт фелгъитут, фæцух нæ кæнут, байсут нын нæ муртæ, уæддæр цы? — уыдæттæ иууылдæр нæ хорздзинады тыххæй вæййынц. Цы, дам, фыд йæ хъæбултæм никуы фæмæсты вæййы? — Иттæг дæр æм фæхъыг вæййы, фæлæ уæддæр фыд йæ фыртæн фыдæй баззайы, фырт та йæ фыдæн — фыр- тæй. — Раст зæгъыс. Иннæтæ уый не ’мбарынц, афтæ зæ- гъынц: мæн, дам, цы у, уый мæн хъуамæ уа, æлдар, дам, мын æй цæмæн хъуамæ иса. Уый нæ зонынц æмæ æлдар цы исы, уый сын сæхи хуыздæрдзинадæн исьь Уæхæдæг зонут, зæхкусæг æнæмбаргæ у. — Раст зæгъыс, æнæмбаргæ у, — загъта Даре- джан, — уæдæ ма æлдар цæй æлдар у, куы никæй фел- гъита æмæ куы никæмæй байса, уæд? Æмæ уый дæр ма уæд, æцæгæлонæй нæ исы, миййаг, уæддæр уæхи æл- дар у. — Раст зæгъыс. Лæгæн йæ фыд æцæгæлон цæмæн уыдзæни? — хиндзинадæй йæм бафтыдта Дато. — Стыр æмæ чысылдзинад кæм нæй? — загъта Луар- саб, — дæ къухы æнгуылдзтæм ма æркæс: чи дзы стыр у, чи чысыл. Цæмæн? Уымæн æмæ хуыцау афтæ сфæл- дыста, стыр æмæ чысыл алы ран дæр хъуамæ уой, ба- кæс ма сæм дæхæдæг! — Федтон сæ, федтон, дæ низтæ! Стыр дæр ис æмæ чысыл дæр, фæлæ, арфæгонд уа хуыцауы рæстдзинад„ афтæ сфæлдыста æмæ кæрæдзи нæ хъыг дарынц, — загъта хинæйдзаг Дато. — Уæдæ! Алы ран дæр ис стыр æмæ чысыл, ныр куыд уыдзæни, мах æхсæн куы нæ уа, уæд. Æниу уый цы уырнинаг у? — дзырдта дарддæр Луарсаб, Датойы хъуыды нæ бамбæрста, афтæмæй. — Р1æ сæры магъз кæмæн ис, уый йыл не ’ууæнды, дæ низтæ, фæлæ йæ сæры магъз кæмæн нæй, уыдон дын зæгъдзысты раст, дам, у! — Куыд раст у? — афарста йæ Дареджан, — паддза- хадаён кæнæ мах цы ракодтам æмæ нын нæ хъазарты ’байса, кæнæ йын.сымах цы бакуыстат, цæмæй уæ ссæ- рибар кæна. Ууыл куыд нæ ахъуыды кæнут? Афтæ зæ- 60
тъынц, дæ низтæ, зæндджын лæгтæ, дам, ныффыстой, зæгъгæ, дам, дзыллæйæн афтæ хуыздæр уыдзæн. Мæнг хъуамæ уа. — Мæнг у, уæдæ циу? — фæхъæр ыл кодта Луар- саб, — цæй ма, кæцы зæндджын лæг ныффыстаид аф-. тæ/кæд уый Иудайы зæнæг нæу, уæд. — Æй арвы цæф фæуа ахæм зæндджын, арвы цæф фæуа! — загъта Дареджан æлгъитгæйæ. — Кæд уый раст у, уæд, зоныс, гареджайаг дæсны цы загъта? — бафарста Луарсаб. — Нæ, дæ низтæ! Цы уын загъта? — Уый, дам, мæнг у. — Ацу æмæ ма баууæнд ахæм зæндджын адæйма- тыл... — бафтыдта Дареджан. — Мæнг кæй у, уый æз раздæр дæр зыдтон, дæ низ- тæ, æнæ ’лдарæй нын цы хорздзинад хъуамæ æрцæуа? Зæхкусджытæ афтæ фæзæгъынц, æнæхицау хъæуæн, дам, рувас йæ хицау. Махыл дæр афтæ æрцæудзæн. Ныр ма нæ уымæй сайынц, æлдæрттæн дæр æмæ, дам, зæхкусджытæн дæр хуыздæр уыдзæн, æндæра уый цæй уырнинаг у? — Æз куы нæ уал уон, уæд дуне фæнды сæфгæ фæ- кæнæд, бодбеаг лæг цæйау загъта: — «Дур-дурыл дæр мауал баззайæд!» — загъта Луарсаб, — дунейæн, дам, хорз уыдзæни! Æз æмæ ды куы нæ уæм, уæд нæ дуне цæмæн хъæуы? Уадз æмæ тылды фæуæд. Нæ, Дато? — О, дæ низтæ! ’Иууылдæр мæнг у. Æз бирæтæн загътон, мæнг у, уый æмæ мыл не ’ууæндынц. — Ды сын зæгъ, зæгъгæ, мын æлдар йæхæдæг загъ- та. Уæддæр дыл нæ баууæнддзысты? — загъта Луарсаб. — Уæд ма цы хъуамæ зæгъой, дæ низтæ. — Афтæ, мæхи Дато! Алкæмæн дæр зæгъ. — Уæ бæрзонддзинад, уæдæ ацæуон? — Ацу! — Дато ацыди. Чи зоны йæхимидæг куыд худти ацы къозбагæнаг хъазар! — Нæ, бамбæрста, мæнг ныхæстæ кæй сты, уый, — загъта Дареджан, Дато куы ацыд, уæд. — Зæндджын лæг у, бауырныдтаид æй, — дзуапп "радта Луарсаб- 61
V — Уый хорз фод, фæлæ нын ахсæв æхсæвæрæн цы ис? — бафарста Луарсаб йæ_ усы иу изæр, кæрчыты ба- дын афон куы. ’рцыд, уæд. — Дареджан! Не хъусыс, усай? Ахсæв цы хъуамæ бахæрæм? — Цæмæн, цы хъуамæ бахæрæм, дæ нывонд фæуа Дареджан, табу хуыцау^н, бирæ нæм ис. — Сабыр код- та Дареджан йæ лæджы. — Уæддæр? — Ис нæм, сихорæй баззайгæ хорз хъуджы фыд уа- залæй, ис нæм хорз хуыйы сучъитæ, хорз... Хъуамæ ма цыдæр загътаид, фæлæ Луарсаб куыд- дæр фехъуыста хуыйы сучъиты кой, афтæ ныццин код- та æмæ загъта: — О, о, о, ацы хуыйы сучъитæ, дæуыстæн, стыр хорз; сты. Æндæр ма? Æз ацы изæр хæрынмæ тынг смондаг дæн. — Кæф дæр нæм нс, нæ сæнтæ нын чи балхæдта> уый нын æй лæвар ныууагъта, ахæм у, ахæм æмæ йæ сой фæйнæрдæм кæлы. — О, уый дæр хорз у! Æндæр ма? — Цыхт, кæрдзын æмæ дзæбæх зæрдæ. — Уый дæр хорз у, дæ хурыстæн: мах хуызæн æх- сæвæр паддзахæн дæр нæ уыдзæн. Смондаг и æлдар. Ныннадта йæ сурдымæн æмæ цалынмæ се ’хсæвæр æрбахастаиккой, уæдмæ размæ-фæстæмæ сæ чысыл уа- ты рацу-бацу кодта. Хаттæй-хатт-иу, цахæмдæр хъуы- дыты ацæугæйæ, æнæнхъæлæджы сдзырдта: «хуыйы су- чъитæ? Дæуыстæн, иттæг хорз сты!» — Ацы мæрдтаг дзыллæйы алцæмæн дæр куыд æр- цæуы, афтæ æхсæвæрæн дæр æрцыди кæрон. Æфсæ- стæй тъахтийыл ратул-батул кодта Луарсаб æмæ рай- дыдта дыккаг боныл хъуыды кæнын. Уæдæ! Хæдзары хицау уыд. — Уый дын æхсæвæр дæр аиуварс кодтам, табу хуыцауæн. Ныр та сомы, тыххæй ахъуыды кæнæм, Сом дæр мæ хæрын хъæудзæн, нæ кадджын хуыцау афтæ сфæлдыста адæймаджы. Сом цы бахæрæм? — Сом?.. — хъуыдыйыл фæци Дареджан, цыма йын ахæ^ зын хъуыддаг равзарын бахæс кодтой. — Сбм? Багъæц ма чысыл, ахъуыды кæнон... Сом... Артала, куыд дæ зæрдæмæ цæуы. 62
_0, дæ хурыстæн, цы диссаг’ æрымысыдтæ, цы* Ар- тала? Цæуы хуызæн дæн, цæуы, хуызæн. — Дзуапп ы» оатта, фырзыдæй йæхи нал уромгæйæ, æлдар. Бузныг> Дареджан! Иу дзæбæх, нард артала уæртæ нæхи Тедо- йы арæзт нурытимæ; уый æнæхъæн^ паддзахады аргъ У хуыцауыстæн. Уый тынг хорз. Æндæр ма? Айдагъ уый нын цы фаг уыдзæн? — Иу дзæбæх чихиртма? — сайæн-худгæ йæ бафар- ста æхсин. — Чихиртма?.. А, чихиртма? Нæ, мæ уарзон, бозбаш хуыздæр^у, — загъта йын Луарсаб чысыл ахъуыды кæ- ныны фæстæ. — Ныр та ууыл ныффидар у. Цæмæй хуыздæр у? — Е-е-е!.. ’хсынцъыйы туагимæ арæзт бозбаш?.. — ахæм хъæлæсæй загъта Луарсаб, цыма стыр дисы ба- хауд. Уый хуызæн хуымæтæджы æцæгдзинад куыннæ- хъуамæ æмбара ахæм зæндджын сылгоймаг. — Ды цæрай,. Луарсаб, хорз арæзт чихиртма бозба- шæй хуыздæр у. — О, мæнæ!.. — ноджы тыхджындæр дисгæнгæйæ фæ- хъæр кодта Луарсаб, — ’хсынцъыимæ арæзт бозбашæй мын чихиртмайы хъуамæ хуыздæр схонын кæнай?.. Дæ- хи зондыл нæ дæ, усай, нырма уал бозбаш æнæуый цы у æмæ; стæй æхсынцъыимæ куы уа, уæд цасы, аргъ у, уый зоныс?! Цытæ дзурыс, цы?! Кæрдзыны къæбæр мын иу нард бозбашы тылдæй хуыздæр у æнæхъæн гджы дзаг чихиртмайæ. Уый фæстæ ма мын ды хъуа- мæ бауырнын кæнай, зæгъгæ, чихиртма хуыздæр у? Уæ- дæ æз лæг нал дæн, мæ сæрыл худ нал дарын? — Ды цыдæр хивæнд лæг дæ: цы зæгъай, уый ма дьш лæг аивын кæндзæни? — мæстыхуызæй загъта Да- реджан. ныффæрскуæвæг Луарсабæн. — Уæдæ цы? Лæг дæр ахæм хъæуы. Уæдæ уый хорз- У, абон* иугъуызон’ зæгъа, сом та иннæ гъуызон? — загъ- та Луарсаб, стæй йæ сины сæртыл ныххæцыд æмæ, фæ- Уæлахизуæвæгау, сæрыстыр лæуд скодта. Дареджан базыдта, Луарсаб æй фидарæй кæй ба- еаста уый æмæ фырæфсæрмæй йæ дзырд фендæр код- та. — Уæдæ ды бозбаш хуыздæр хоныс? — Хуыздæр æй хонын. — Уый уый нысан у æмæ ды хæринаджы ад не ’вза- рыс, — ныфсджындæрæй загъта Дареджан. 63;
Луарсаб фестъæлфыд, фæлæ кæд йæхи ныуурæдта, уæддæр ын уайдзæфау загъта: — Ды не ’мбарыс, ды, ад æмæ мын чихиртма хуыз- дæр уымæн хоныс, æндæра мæнæн бозбаш хуыздæр у. — Цы раууил-баууил кæныс? — смæсты ис Даре- джан, — бозбаш чихиртмайæ куыд хуыздæр у, чихирт- ма куы æрбаймысын, уæддæр мæ комы къулты дон куы акæлы, уæлдайдæр ’ххормаг куы вæййын, уæд. Бозбаш- мæ та — æппындæр нæ. Уæдæ чихиртма адджындæр у, ныр дæр ма быцæу кæныс? Ацы- ныхас ахæм фидар æмæ карзæй загъта æхсин :æмæ фенхъæлдтаис, цыма зæгъынмæ хъавыд: «æдылы, .ахæм æвдисæйнаг мæм ис æмæ ды уæддæр дæхи ныхас .кæныс?». Фæлæ йæ ныхмæ лæууæг дæр ахæм зонды хицау нæ уыди æмæ ацы æвдисæйнаджы ныхмæ ма раразмæ код- таид ноджы уæзгæдæр æвдисæйнаг. Æцæг фыццаг тынг -ахъуыды кодта, уайтагъд не ’рбаймысыд, цы загътаид, уый. Стæй, хуыцау дын раарфæ кæна, Луарсаб уый хьайтарон æгъдауæй куыд аиуварс кодта. — Уыцы ныхæстыл лæууыс? — афарста йæ Луар- саб æмæ йæ бынатæй сыстади. — Лæууын. — Уæдæ хорз: дæуæн чихиртма дæ комы къулты дон æрмизын кæны æххормагæй, мæнæн та бозбаш æф- сæстæй дæр. Кæд дæ фæнды, ныртæккæ дæр, ды зо- ныс, ацы ’хсæв æз дæуæй фылдæр бахордтон, фæлæ мæ цæстытыл уайы бозбашы едзаг къус, суанг йæ былтæм дзул ссæстæй æмæ йæ уæлæ ноджы иу дзæбæх фысы зæнг!.. Цытæ дзурыс, усай, æз дын амæлон, кæд ды ис- ты æмбарыс: бозбаш у басты паддзах, кæф кæсæгты паддзах куыд у, афтæ. Сылгоймаг дæ æмæ цы зоныс. — Дæуыл лæг куыд хъуамæ баууæнда, кæд уый дæр нæ зоныс, уæд. Кæсæгты паддзах кæф нæу, фæлæ æр- гъай у... Алы хатт афтæ фæгæды вæййыс, — йæ лæджы мæнгдзинад кæй раргом кодта, ууыл цингæнгæйæ фæ- хъæр кодта æхсин. Луарсаб чысыл фефсæрмы ис, фæлæ уæддæр йæхи дæлæмæ не ’руагъта æмæ йæ лæгдзинады тыххæй цы- фæнды кæна, уæддæр хъуамæ сбæлвырд кæна, зæгъгæ, .кæсæгты паддзах у кæф. — Ныр та ууыл ныффидар у. Æз дын зæгъын кæф у. — Æргъай у. .64
— Ех, уæд дын æз амæлон, кæд кæф нæу. Еныр дæр дæ нæ уырны? Æргъай у, æргъай! — загъта та æхсин. — Зæгъ-ма, цæмæй йæ зоныс, æргъай у, уый? — Ды цæмæй зоныс, кæф у, уый? Уæд Луарсаб бахауди цъысымы, æмæ цы хуызæн!.. фервæзæн дæр ын нал уыди, тынг æй фæндыди исты азрымысын, æгæрыстæкæй ма йæ афтæ зæгъын дæр фæндыд: «Къарабадины фыст у», фæлæ фæхъуыды код- та, Дареджан уымæй фылдæр кæй бакасти æмæ йæ ныфс нал бахаста. Чиныгкæсæг йæхæдæг куыд зоны, афтæмæй Даре- джан зæндджын сылгоймаг уыди, федта, Луарсаб дзу- аппæн кæй ницы сфæрæз кодта, уый æмæ йыл ноджы ныфсджындæрæй ныккалдта: — Зæгъ мын, зæгъ, кæцæй йæ зоныс? Уæдæ цы нæ зоныс, уый ма хъуамæ зæгъай. Зæгъ ма уæдæ еныр, чнхиртма хуыздæр нæу? Дареджан ахъуыды кодта, зæгъгæ, афтæ фæсыккæй Луарсаб кæд басæтдзæн, уæд еныр хъуамæ басæдта. Ахæм уынгæджы рæстæджы куы нæ басæдта чихирт- майы хуыздæрдзинадыл дæр, уæд æндæр хатт нал. Уый тыххæй афтæ æнæнхъæлцау раздæхти чихиртмамæ дæр. Луарсаб нын хъуыдыты ныдздзæгъæли, чиныгкæсæг, йæ сæр æргуыбыр кодта æмæ лæууыд, мæнæ чысыл сы- вæллоны сæкæр давгæйæ куы æрцахсынц, уæд уый куыд фæлæууы, афтæ, ницы уал зыдта, цы ма бакод- таид, уымæн. Æнкъардта, йæ ус æй цъысыммæ кæй батардта, кæй йæ басаста, уый. Фæлæ уый уонг йæхи æруадзын йæ сæрмæ нæ хаста. Æндæр хатт ын æй чи зоны ныббарстаид, фæлæ ныр иугæр хъуыддаг хъазæ- гау нал уыд, иугæр хъуыддаг быцæуыл слæууыд, уæд басæдтын нымадта æнæрвæссон мийыл: æцæг-иу хат- тæй-хатт афтæ састæй уый уонг сси æмæ хъуамæ сра- зы уыдаид чихиртмайы хуыздæрдзинадыл, фæлæ та-иу уыцы рæстæджы йæ цæстытыл ауад къусыдзаг бозбаш фæздæг калгæйæ, йæ тæккæ былтæм луаси ссæстæй, йæ уæлæ уæрыччы сгуы цæхгæрмæ æвæрдæй. Æмæ та-иу Уæд фæкъуылымпы ис Луарсаб. Уый-иу фæныфсджын- Дæри, йæ зæрдæ-иу фæфидари, ферох-иу æй ис худинаг Д^Р, кæй фегад ис, уый дæр, уæлахиздзинад дæр, æмæ- ИУ ын Зæгъын кбдта ахæм тыхджын ныхæстæ: — Æз нæ зонын, фæнды æцæг дæр æргъай уæд ’кæ- 5- И. Чъавчъавадзе. 65
саджы паддзах, уæддæр бозбаш хуыздæр у чихиртма- йæ. — Чихиртма у хуыздæр, ацы адæймаг. — Нæ, бозбаш хуыздæр у, усай! — Е-е, æрдæбонау дын ма уа, мæнг дзурыс æмæ* йыл уæддæр нæ сæттыс, уайдзæфгæнæгау ын загъта Дареджан. — Ды кæныс мæнг ныхæстæ, ды. — Кæс-ма йæм, кæс! Ды нæ дзырдтай кæф, дам, у кæсаджы паддзах? — Æз афтæ ницы загътон, уый ды загътай, фæзыл- ди Луарсаб æмæ йæ ныхæстæ йæ усы æфсон фæкод- та, — æз, дам, æргъайæ загътон. — Бакæс ма йæм, бакæс, дæ нывонд фæуон!.. Ай цы æрбаймысыди! — загъта ныр æцæг дæр мæстыйæ Да- реджан. — Цас дæ фæнды, уыйас хъæр кæн! — ныллæг хъæ- лæсæй загъта Луарсаб æмæ ацыди, цæмæй æддæмæ ахызтаид, дуары цурмæ куы ’рбахæццæ ис, уæд ма йæм сдзырдта: — Æз æргъай загътон, æмæ æвиппайды дуарæн фед- дийæ ис. *—Мæнг чи зæгъы?.. Сыгъдæг Георгийы фарн æмæ Некъресы дзуарæй æлгъыст фæуæд, мæнг чи зæгъьг, уый! — йæ фæдыл рахъæр кодта, Луарсабы æдзæсгом мæнг ныхасы тыххæй хыл кæнгæйæ, Дареджан. Луарсаб æй нæ фехъуыста, æви йæ нæ бамбæрста, уый нæ зонын, .фæлæ зонын æрмæст уый æмæ Даре- джанæн ацы æлгъыст кæй батади. — Арæх-иу ус æмæ лæг, фырхылæй ныссырхуæвгæ- йæ, æмбисæхсæвмæ кæрæдзиимæ ахæм арф хъуыдытыл тох кодтой. Райсом-иу дзырдтой, — «Абон цы бахæрæм». Изæры дзырдтой, — «сом цы бахæрæм». Уый уыдис сæ зæрдæ- йы фæнд, ууыл уыдысты сæ хъуыдытæ, уымæй ивтой кæрæдзийы фæндтæ. Цы зыдтой уыдон, сæ ахаст æмæ æппæт сæ цардæй кæй мæстæй мардтой, уд сæ чи бауагъта, уыцы хуы- цауы, уымæн. — Цы дам! Æз мæстæй марын хуыцауы? — дисгæ- нæгау дын загътаид Луарсаб: — аргъуанмæ æз никуы фæцух дæн, маргæ æз никæй акодтон æмæ давгæ никæ- мæй ракодтон, — уæдæ ма цæмæй мæстæй марын хуы- цауы? 66
Раст дæ, мæхи Луарсаб, ды лæг дæр нæ амардтай, давгæ дæр никæмæй ракодтай, иу дзырдæй, цы дыл не ’мбæлд, уый никуы сарæзтай, уый дæр хорз у: æппын ницыйæ уый хуыздæр у. Фæлæ дæ ныр хъуамæ уымæй бафæрсон: цы хъуамæ сарæзтаис, уыдонæй исты сарæз- тай? — Тæккæ дæр, — зæгъдзынæ, — хордтон æмæ нуæз- тон, иу бон дæр æххормаг никуы баззадтæн. Æмæ уый дзуапп у? Аргъуанмæ, дам, нæ цух кæ- нын. Æмæ уымæй цы рауади? Ды уым алы хатт дæр хъусыс Чырыстийы ныхас: «Ут уæ æрвон фыдау æнæ аипп!» Æмæ ды дæ царды иу уысммæ дæр бæллыдтæ уымæ? Нæ, ды уый тыххæй нæ цæрыс: ды цæрыс, цæ- мæй нуазай æмæ хæрай, фæлæ уый тыххæй нæ хæрыс æмæ нуазыс, цæмæй цæрай, афтæмæй та цард у уымæ тырнын, цæмæй уай æххæст, не ’рвон фыд куыд уыди алцæмæй æххæст, афтæ. VI Дыууын азы рацыд, Луарсаб æмæ Дареджан иу æф- сондзы ифтыгъд куы æрцыдысты æмæ иу амонды хъыс- мæты бын куы бахаудысты, уæдæй фæстæмæ. Диссаг у адон дзуарæфтыды хъуыддаг. Луарсабыл дыууын азы куы сыххæст ис æмæ ус курын куы æрдомдта, уæд ма йе ’фсымæр Давидимæ царди. Тынг æй æрфæндыд ус курын, фæлæ кæй чызджы ракуырдтаид, уый нæма зыдта. Уый куырдта ахæмы, хъæзныгдæр чи уыдаид, хорз мыггагæй æмæ тынг рæсугъд дæр. Ахæм чызджы- тæ махмæ стæм сты. Луарсаб уæддæр йæ цæст дард- та, — чизоны фембæлон, зæгъгæ, фæлæ куы никуы ссардта ахæм чызджы, уæд йæхимидæг сфæнд кодта: бахуыйын кæнон уæрæх бузментджын цухъхъа, буз- менттæй- фæлыст уæрæх сгæллад хæлаф. Иу дыууын туманы самал кæнон æмæ ацæуон горæтмæ æмæ-иу дыууынхатт уынгты атезгъо кæндзынæн дрошкæйыл, чи зоны иу хъæзныг хорз мыггаг æмæ хæдзайраг чызг мае хызы æрбахауа, кæд нæ, уæд сомихы чызджытæ Дæр уым нал сты? Рахæсдзынæн дзы дæс мины чындз- Дзон дзаумæ, зæгъгæ. Фæстагмæ йæм афтæ фæкасти, Дыма дардмæ ацæуын ницæмæн хъæуы. Кадджын мыг- гаг æмæ хорз бинонтæй рацæугæ, æлдар Гдзеладзейæн ис хурау фендтаг, рæсугъд куринаг чызг æмæ ма дыу- 67
уæ мины æвзист æхца дæр сты йæ чъылдымыл бастау цæттæйæ. Луарсабæн йæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, цыма йыл арт сирвæзт, æмæ æрвылбон фырцинæй хъы- дзы-хъыдзы кодта, фæлæ нæ зыдта, хъуыддаг куыд сарæзтаид, уый. Хуыцау æй саразæд, иу бон æм чызг- амонæг дæр фæзынд. Чызгамонæг минæвар Гдзеладзейæ æрвыст уыд иу мæгуыр, уындджын, зæронд идæдз ус. У’ымæн йæ лæг Куы амард, уæдæй фæстæмæ райдыдта чызгамонæджы куыст. Уымæи йе ’намонд лæг цæрæнбонты æлдардзи- над агуырдта æмæ не сбæлвырди, йæ фыдæлтæ раздæр æлдæрттæ кæй уыдысты, уый. Уымæ гæсгæ ацы усы хуыдгой «мæнг æхсин» æмæ йæ мах дæр афтæ хондзы- ’стæм. ’Мæнг æхсинæн стыр кад уыд æлдæртты ’хсæн, тынг дзырдарæхст кæй уыд, уый фæрцы. Дзырдтой-иу дзы, зæгъгæ, дам, амæй фæлтæрддæр æхсæны адæймаг нæ .уыдзæнис зæххы цъарыл. Уый тыххæй бирæ иста цæ- уæггаг, фæлæ дзы хорз уыди уый æмæ-иу хъуыддаг иу- гæр райста, уæд æй аразгæ дæр скодта. Æмæ Гдзела- дзе дæр уый равзæрста, фондз туманы уал ын раздæр ратта æмæ ма йын фынддæс туманы баныфсæвæрдта, ратдзынæн дын сæ, зæгъгæ, хъуыддаг куы саразай, уæд. Ацы усы кæд Гдзел’адзе йæхæдæг рарвыста Таткари- дзетæм, уæддæр ацы фæлтæрд мæнг æхсин йæхи афтæ равдыста, цыма йæхæдæг æрбацыд, цæмæй Луарсабы дæр фæхæсджын кæна æмæ дзы исты ратона кæна. Уый уыдис иу æлдары хæдзары. Æлдар дзуар баф- тыдта йæ усимæ æмæ йæ чындзæхсæвмæ иннæтимæ æр- хуыдта Луарсабы дæр. Мæнг æхсин уыд ацы æлдарæн йæ фыды хо. Чындзæхсæвы дыккаг бон, фæссихор, Лу- арсаб чысыл нуæзтджынæй ацыд æмæ мæнгагъуысты схуыссыд. Хур куы фæцæйныгуылд, уæд чидæр басхуы- ста Луарсабы æмæ фехъали. Луарсаб йæ цæстытæ фæ- ирд кодта æмæ ауыдта иу ацæргæ уæздан сылгойма- джы. Уайтагъд фæгæпп кодта. ’— Сбад," сбад, дæ нывонд фæуон, æрулæф, — загъ- та йын мæнг" æхсин, — бахатыр мын кæн, дæ улæфт ды’н фæхъыг дардтон, фæлæ дæ мады хæлардзинад æмæ уарзондзинад, йæ лæггад æмæ уарзондзинад куы ’рбай- мысын, уæд дыл ’мæ зæрдæ фæриссы... Маенæ дæ.уьШ’- й^сæй (йæ ’кухыл ныллæг æрхæцыди зæхмæ) бирæ фæ- рахæсс-бахæсс кодтон æмæ дæ бирæ фæх’Ьазыдтæн. Æз æмæ дæ мад стыр хæлæрттæ уыдыстæм, æ’нæкæрæдзй 68
нæ фæрæзтам, кæрæдзи тынг бирæ уарзтам: дыууæ хо- йы дæр нæ уыдысты, мах куыд уыдыстæм, афтæ. Нæ хъуыды кæныс дæ мады? — Нæ, мæныл уæд дыууæ азы дæр тыххæй цыди, — дзуапп ратта Луарсаб. Уый ницы зыдта, хъуыддаг цæй мидæг уыд, кæнæ ацы æхсины цы хъуыди, уымæн. — Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ йæ хъуыды кæндзы- нæ, уыцы æнамонд йæ æнæаххос уды хуыцаумæ куы лæвæрдта, уый куыд бафæрæзтон, куыд, уый фæстæ ма æз удæгас куыд дæн, цæй, табу хуыцауæн, йæ бар- тæ йын чи байсдзæн. Уый куы мард, уæд æз йæ дæл- фæдтæм бадтæн. Иннæты арвыста иууылдæр, æз ма иу- нæгæй уыдтæн йæ цуры. Уæд дæ фыд, æнхъæл дæн, æгас нал уыди. — Нæ, уый фæстæ дæр ма æхсæз азы фæцард, — загъта та йын Луарсаб. — О, раст у, раст, цы мын æй ферох кæнын код- та? — сдзырдта мæнг æхсин, цыма йæ æцæг ферох ис, уыйау. — Кæсыс, зæронд цы нысан кæны, мæ хъуыды мæ фæсайдта, раст у, гас ма уыдаид. Кæс мæ хъуы- дымæ. Йæхи дзыхæй мын нæ загъта: «Мæ хойы хай, Хорешан! Дæу мæ ус бирæ уарзы, ды дæр уый афтæ бирæ уарзыс, марадз йæ къæхты цур абад, уымæн æх- сызгои у дæ фенд. Æгæрстæмæй, мæ фендæй æхсыз- гондæр. Салам дæдтаг уыд уæ фыд, стыр æгъдауджын, кадджын, алкæмæн дæр уарзон адæймаг. Æмæ канд чырыстон адæм нæ, фæлæ ма йæ лечъы адæм дæр уарз- той æмæ дзы тæрсгæ дæр кодтой, Дагъестаны онг хъуыст уыд йæ ном, уырыссæгтæ дæр ын цыт кодтой. Ды дзы цы хъуыды кæндзынæ, чысыл уыдтæ. О, цæ- уыл дын дзырдтон? — афарста Луарсабы. — Мæ фыды ном Дагъестаны дæр зындгонд кæй уыд, уырыссæгтæ дæр ын стыр кад кæй кодтой, уый тыххæй. — Дзуапп ратта Луарсаб. — Нæ, уый нæ. Цæуыл æй æрдзырдтон, уый мæ фе- рох ис, нал æй хъуыды кæнын. Ие, мæ хур, зæронддзи- над афтæ кæны, йе: минуты размæ цы дзырдтон, уый мæ зæрдыл нал лæууы. Дæ фыды амардыл ныр дыу* Уын азы рацыд æмæ йæ куы нæ уал хъуыды кæнон, Уæд цы диссаг у. — Дыууадæс азы йыл рацыд, — бараст æй кодта Луарсаб. — Фæнды дыууадæс уæд, уæддæр диссаг нæу. Цæ- Уыл райдыдтон дзурын?.. — хъуыдыйы ацыди мæнг æх- 69
син, цыма æцæг нал зыдта, цæуыл дзырдта, уый. Зыд- та йæ иттæг хорз дæр æй зыдта, фæлæ хъуыды кодта, цæмæй та афтæ мацы срæдиа, Луарсаб æй куыд фæ- зылын кæна, йæ фыды амардæй йæ куыд фæзылын кодта, афтæ. Луарсаб цæджындзау сагъдæй лæууыди æмæ бынтон дæр не ’мбæрста цæмæ йæм æрцыди æх- син æмæ цæмæ цæуынц йæ ныхæстæ. — 0, раст у! Иудзæвгар ахъуыдыйы фæстæ загъта мæнг æхсин, — уый дын дзырдтон: дæ тæхудиаг мад куы марди, уæд иннæты арвыста, мæны йеттæмæ, æмæ хицæнæй куы баззадыстæм, уæд мын загъта йæ зæл- ланг хъæлæсæй: «Мæнæн, мæ зæрдиаг хæлар Хорешан, бирæ цæрæнбон нал ис. Зонын, бирæ мæ уарзыс, уый. Мæнæ ды, æмæ дын мæнæ мæ сидзæртæ, ды у сæ мад». Афтæ куы загъта, уæд, — мæгуыр мæ бон, уыцы æна- монддзинад чи федта, — йæ зæрдæ суынгæг æмæ ны- куыдта. Мæнæн дæр мæ цæссыгтæ рызгъæлдысты: би- рæ фæкуыдтам. Стæй йæ зæдтолæйабадинаг уд хуыца- уæн ратта.. Æз раст удуæлдай æррайау рауай-бауай кодтон дыууæрдæм, — афтæ æнхъæлдтой, не сфæраз- дзынæн ацы маст æмæ мæ зондæй фæиртæсдзынæн. Стыр уарзæттæ уыдыстæм, иу туг æмæ иу уды хуы- зæн. Дæ мад дæр ахæм сылгоймаг уыдис, дзæнæты ба- да, ахæм сылгоймаг, æмæ йын алчи зæды нывмæ кувæ- гау хъуамæ куывтаид. Ахæм диссаг уыд, кæм ма ис ныр ахæмтæ! Мах дæр зæгъæм, устытæ, дам стæм!.. Æртыккаг бон æй бавæрдтам чырыстон æгъдаумæ гæс- гæ. Бирæ сауджынтæ йæм æрхуыдтам. Дзырдтой, дæ фыд, дам, ын йæ фæстаг хæс бафидыны тыххæй хъуа- мæ арчелы дæр æркодтаид, фæлæ фургуны бæхтæ не ссардта, цæмæй йæм арвыстаид. Сымах чысыл сидзæр- тæй баззадыстут, ды æмæ Давид чысылтæ уыдыстут, сымах уайтагъд бауарзтон, мæ зæрдæ мæ дæумæ тынг- дæр хаста. Нæ зонын, цæмæн афтæ уыд, — Датикъо дæр уый хъæбул уыд, фæлæ ды мæнæн зынаргъдæр уыдтæ. Ды нæ хъуыды кæныс мæн? — Нæ, нæ дæ хъуыды кæнын. — Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ мæ хъуыды кæндзы- нæ. Дæуыл æртæ азы цыдаид, мæ лæг куы амарди, уæд, мæгуыр мæ бон, уымæй чи фæхицæн! Уæдæй фæ- стæмæ хæдзарæй мæ къах нал равæрдтон, дæн афтæ æнæрæвдыд, æнæхицау, дзæгъæлзад идæдз. Цинад мæ- нæн цинад нал у, æппæт дуне мæм саударæгау кæсы, ныххатыр мын кæн, æгæр уæндон дæм кæй дæн, чизо- 70
ны дæ схъыг кодтон, цы кæнон? Амондæй сыгъд æмæ уырыд дæн» мæт мæ бадомдта, цыма йæ дард кæнон, цыбыр ныхас хуыздæр у. Æртæ азы дыл цыдаид, мæ лæг куы фесæфт, уæд. Адард уæ дæн æмæ дæ уæдæй нырмæ нал федтон, фæлæ мæ зæрдæ уæддæр дæумæ уыд; сымах æрдыгæттæй-иу кæуылдæриддæр фембæлд- тæн, иуыл æй дæуæй фарстон. Æртæ мæйы дæр ыл нæ- ма цæудзæн, афтæ иу æхсæв бафынæй дæн, карзæй фынæй кæнын æмæ иу æмбисонды зæд, рухс дзы кас- ти, ахæм сыгъдæг рæсугъд æмæ æрттивгæйæ мæ цæ- стыты раз февзæрд. Фын дын дзурын, фæлæ ахæм фын уыди æмæ йæ нырма дæр æцæг æнхъæлын: «Хоре- шан, — загъта мын уыцы удгоймаг, — æз *дæ удæн ад- джын чи у, уый сыгъдæг æмæ æнæдызæрдыг зæрдæ дæн» — уайтагъд йæ уæрджытыл атыхстæн. Уый уы- дис дæ мад. — Мæ уæрджытыл ма тыхс, — нæуæгæй мын загъта, — ды мæ фæхъыг кодтай: цæмæи ферох код- тай Давид æмæ Луарсабы? Давидæн ма ницы у, уый йæхицæн ус æркодта æмæ æрбынат кодта. Луарсабæн цæуылнæ хицауиуæг кæныс? «Æртæ ’хсæвы кæрæдзи- йы фæдыл фыны цыд мæнмæ æмæ мын иууыл уый дзырдта. Афтæ уыдис, хуыцау мæ æнæ дæ цæссыг ма фæкæнæд. Уый куы нæ уыдаид, уæддæр æз, куыд мæ фехъуыстай, афтæ дзырд раттон уымæн хуыцауы раз, æз дæуæн маддзинад кæй кæндзынæн, уый тыххæй, æмæ мæнæ æрлæууыд уыцы бов, Ды æвзонг лæппу дæ. Æз куыддæриддæр ауыдтон дæу, афтæ бамбæрстон, кæй тыххæй сæрра ис уыцы мæгуыр чызг. Хуыцау фæхуди- наг кæнæд дæ гуыр æмæ дæ тыхы раз Хъараманы* гуыр æмæ тых, Тариелы** рæсугъддзинад æмæ Гардан- кешаны*** зонд. Мæ цæстыл куыддæриддæр аныдзæвд, афтæ фембæрстон, цы ссыгъта уыцы æнамонд чызджы зæрдæйы. «Æнамонд» æй уымæн хонын, æмæ чизоны Ды ууыл хъуыды дæр нæ кæныс. Уый та руайы уым. Луарсабæн æхсызгон уыд, бар-æнæбары йæ худ но- Джы тынгдæр æрсагъта, йæ сæрыл схæцыд, йæ ногдзыд лыстæг рихитыл йæ къух адаудта, йæ астæу араст код- та æмæ хъæбатырæй слæууыди. Афтæ æхсызгон ын уы- Ди æмæ фыццаг зæгъын дæр ницы уал сфæрæзта, кæй . Хъараман — фыдæлтыккон рицарон уацау «Хъараманианийы» (XVI—XVII æнусты) хъайтар. Тариел — Шота Руставелийы поэмæ «Стайы цармдары» хъай- ** Гарданкешан — уацау «Хъараманианийы» хъайтар. 71
зæгъын æй хъæуы, нæма зыдта, уыцы чызг чи уыд, уый, фæлæ йын уый дæр æхсызгон уыд. — Æмæ чызгæй дæр мæгуырау нæу, — райдыдта та мæнг æхсин, — ды куыд Хъараман дæ, уый та ахæм Салбихураман* у. Растдæр Тариел æмæ Нестан Да- реджан** уыдзыстут, куы баиу уаиккат, уæд. Нæдæр йæ мыггаг æмæ йæ бинонтæ сты мæгуырау. Мухран- æлдæрттимæ*** иу сыфыл фыст у сæ мыггаг. Хорз чызг, хорз мыггаг, хорз хæдзар, щшдзыд хæстæджы- тæ, — йæ фыды ’фсымæртæй иу майор у, дыккаг ын дианбег у Тæтæры. Æхца дæр æм æрмæджы ис. Æндæр ма дæ цы хъæуы? Стæй дæ мады дæр фæнды уый. Уы- цы зæд дысон дæр загъта мæнæн: «Ацы хъуыддаг æнæ- мæнгæй сараз», зæгъгæ. — Æхца йæм цас ис? — бафарста йæ Луарсаб. — Дыууæ мин сомы йæм уыдзæн. — Æрмæджы? — Иуыл сыгъзæрин æхца; хæдзары йын сты стыр чыссæйы бастæй. — Гдзеладзеты чызг нæу? , — Чи дын æй загъта? — Æз æи зонын. — Уæддæр? — Зонын æй. Уый у. Ома, мæ зæрдæйы нæй уыцы чызджы хуыз, — æфсæрмгæнæгау бахудти ацы ныхæ- стæ зæгъгæйæ Луарсаб. — Кæцæй? Федтай йæ æви? — Цæстæй дæр æй нæ федтон, фæлæ йæ афтæ зо- нын. — Уæдæ кæд афтæ у, уæд мын бар дæдтыс дæ бæ- сты æрныхас кæнон емæ? Зоныс цы ’хсызгон уыдзæн чызгæн! Мæнг æхсины æппæлдæй йæ сæр разылд Луарсабæн æмæ загъта: — æндæра йæ фыдæн нæ уыдзæн æхсызгон. — Дæ хуры стæн, нæ уыдзæн! — хъуыддаг тыххæй фæвазыгджындæр кодта мæнг æхсин. — Уæдæ уымæй æрвыст нæ дæ. — Цытæ дзурыс? — уымæй æрвыст куы уаин, уæд * Салбихураман —уацау «Хъараманианийы» хъайтар. ** Нестан-Дареджан— Шота Руставелийы поэмæ «Стайы царм- д^ры» хъайтар. *** Мухран æлдар — хицауиуæггæнæг æлдæрттæ — мухрайнап Багратионтæ — гуырдзиаг паддзахы хæдзары кæсдæр къабуз. 72
уЫДдаг фæуыдаид, иугæр дæхи дæр афтæ фæнды,. уæд- Хъуыддаг уый у æмæ чызджы фыд бынтондæр нæ- оазы кæны. — Нæ, дам, разы кæны!..— загъта мæстыгъуызæи. Луарсаб, — цыма мæ цæмæй фауы? Мыггаг мын уымæй азвзæрдæр нæй, хæдзар дæр афтæ, уæдæ ма, дам, цы? — Ныридæгæн æй зонут, схъæл адæймаг у уый. — Уæдæ дзы ницы рауайдзæн? — Куыннæ, фæлæ хъæуы тынг æрцархайын æмæ- зæрдиаг митæ кæнык* — Уæдæ нæ бон бауыдзæн йе ’ртасын кæнын. — Чи йын цы зоны? — уый куыд сарæхстæуа, ууыл. баст у, фæлæ уæддæр хуыцау зоны... Хивæнд лæг у. — Сырæхсын та дæ хъуыддаг у. — Уый раст у, фæлæ æрмæст мæ сырæхсынæй цы: рауайдзæн? — Æндæр ма дзы цы хъæуы? Цы мæ бон бауа, уый, мæныл уæд. Хорздзинад бафидын мах дæр зонæм. — О, дæ нывонд фæуон, мæ зынаргъ! Уый кой дын чн кæны? Уæ мыггаг зæрдæ рæвдауынмæ рагæй ном- дзыд у, уый мæхæдæг дæр зоиын. Уый куы нæ уа, уæд дæр дæ мады хъæбулæй æз исты хъуамæ райсон, мæ- къæбæр мæ хъуыры фæбада? Нæ, мæ зынаргъ, уый дæ- хæдæг зоныс, æз ахæм хъуыддагыл нæ ацæудзынæн. Фæлæ... Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ, дам, «гæртам зындоны дæр ныррухс кæны»; дæу бахъæудзæн дыууæ* сæдæ сомы бæрц, цæмæй йын йæ хæстæджыты нæхимæ æрыздахæм. Уым иу лæг ис æмæ уый цы зæгъа, уый. Гдзеладзе Мосейæн у закон, раст фирманау. Уымæн йæ~ хъæлæс хъуамæ алæгъз кæнæм. — Æмæ ныр дыууæ сæдæ сомы кæм хъуамæ сса- рон? — загъта фенкъард уæвгæйæ фæлладгъуызæй Лу- арсаб. — Ууыл мын дæ сæр дæр ма сриссæд, ды мын век- сел ратт æмæ дын æхца æз ссардзынæн. — Цæуылнæ, цæуылнæ, кæд дæ фæнды, ныртæккæ- дæр, — загъта цингæнгæйæ Луарсаб. и— Мæнг æхсин куы федта, Луарсаб афтæ æнцонæй касй сразы ис, уый, уæд ахъуыды кодта: æдылы цыдæр^ У> бирæ цæуылнæ загътон æмæ ма, цæмæй йæ рæдыд Рараст кодтаид, уый тыххæй æрымысыд: — Æрмæст уый хъуамæ зонат, мæ хъæбул, æмæ нæ. бирæ проценттæ айсдзыстЫ. — Бирæ? Уæддæр цас? 73 >
— Алы дæс сомæй дæр авд суарийы. — Цы кæнæм, ратдзынæн. Афтæ фæзæгъынц «куы -тыхсай, уæд хъуамæ фæрæз кæнай!» — Уæдæ байхъус мæнмæ: ды уал ма сразы у, чи дын •цы фæнды дзурæд, уæддæр фидар лæуу дæхи ныхасыл. Чизоны уыцы куыдз куы сразы уа, уæд æй нылхъивæм .æмæ дзы фылдæр ратона кæнæм, æмбарыс? Æз иууыл дæу тыххæй дзурын, æндæра дзы мæнæн цы пайда ис. Æмбарыс? — Æмбарын, куыннæ, æмбарын! Мæ къæхтæ хъуа- _мæ ныццæвон æмæ цæхгæр мауал разы кæнон. — Уæдæ ныр æз зонын, райсом рагацау вексел æр- цæттæ кæндзынæн, ды дæ къух æрфысс æмæ стæй мæ- .хæдæг зонын. — Вексел дын раздæр раттон? — Æмæ дыл уæдæ... æхца афтæ чи æууæнды? Мæн- -мæ куы уаид, уæд, дæхæдæг зоныс, нæ дын бацауæр- стаин. Кæм бацуарддзынæн æз дæ мады хъæбулæн, фæ- .лæ мæ хуызæн дзæгъæлзад идæдзæн чи хъуамæ ратта, сомихагæй хъуамæ райсон æмæ сомихаджы та зоныс, ^цы хуызæн уираг у, уый. — Стæй хъуыддаг куы саразон, уæд иу дзæгъæлзад идæдз дæн æмæ мæ чизоны фæхонай иу-дыууæ хат- ты, — йæхи ’рмæгуыргъуыз кодта мæнг æхсин, — дæ мыггаг лæггад кæнын æмæ цæхх æмæ къæбæр дæдты- ^нæй кадджын сты. Луарсабæн йæ зæрдæмæ цыд, йæ мыггагæй-иу ын *афтæ куы ’ппæлыдысты, уæд. Æрмæст дзы раппæл æмæ дын йæ цухъхъа дæр дæ уæлæ скæндзæн. — Дæ хорзæхæй, уый уал ма мын зæгъ, чызг цахæм ’чызг у? Алцæуыл дзурæм, фæлæ нæ уый бынтон куы байрох, — фæстагмæ йæ афарста Луарсаб. — Ахуыргонд у æмæ армæй дæр дæсны у. Æндæр ма дæ цы хъæуы, дзуапп ын ратта уый дæр. — Йæ ахуыр мæ цæмæн хъæуы, зонджджын дæсны- йы бынаты йæ бадын кæнын!.. Ды мын уый зæгъ, фæр- ныг цæсгом ын ис? Хуызæй куыд у? — Уымæй мæ мауал фæрс, растдæр нывы хуызæн у, нывы хуызæн. — Луарсабæн тынг йæ зæрдæмæ фæцыдысты мæнг æхсины фæстаг ныхæстæ. Йе 'уæнгтæ ныррызтысты -фырцинæй æмæ йæ бафарста, уæдæ ма цæуылнæ хъуа- мæ разы кæнон, зæгъгæ. — О, ма-иу разы кæн. Уый дæу тыххæй зæгъын, иу- :74
гæр мын мæ хойæ адджындæр чи у, уый хъæбул дæ, æД> æндæра, дæхæдæг зоныс — мæнæн дзы ницы пай- яа ис. Мæхи уд фервæзын кæныны тыххæй архайын ацы хъуыддагыл, æндæра Гдзеладзе Мосе мæнæн мур дæр ницы ратдзæн. Æрмæст æй æртасын кæнон æмæ дæ мады хъæбулы амонд саразын кæнон, уый йеттæмæ мæ- хииæн исты агурыны кой чи кæны! — Уый дын мæныл уæд. Рæсугъд у? — худæндза- стæй йæ бафарста Луарсаб. — Загътон дын, — къухæй нывгонд у, зæгъын. — Дыууæ мин сомы дæр æм ис? — Чизоны фылдæр. Уый æз æмæ дæуыл баст у. — Чизоны, дам, фылдæр! Гъа, цы зæгъдзынæ, мæ- гуырау нæ уыдзæн, — загъта Луарсаб ахæм хуызы, цы- ма йæ ныртæккæ æвзарынмæ хъавы. — Куыд кæсын, афтæмæй ды нæма аскъуыддзаг код- тай хъуыддаг дæ зæрдæйы мидæг, — загъта мæнг æх- син, цæмæй йын зæгъын кодтаид, йæ зæрдæйы фида- рæй ныххызти æви нæ, кæд ныххызти, уæд ма дзы но- джы истытæ ракъаха.. — Уый цы загътай, цы? — Куыд цы загътон? Кæд дæ зæрды нæй, уæд мæ ма фæхудинаг кæн, ныридæгæн æй ныууадзæм. — Куыд дын æй ныууадзын кæнон, уыцы чызджы уарзондзинад мын мæ зæрдæйы цæхæрау куы ныккалд- тай, уæд. Цæй, куыд ма йæ ныууадзон? Цæмæй йæ хъуа- мæ бафауон? — Уæдæ хъуыддаг конд у? — Конд у. — Уæ, дæ фæхъхъау æрбауа мæ сæр. Кæдæй-уæдæй шххæст кæндзынæн мæ хæс, дæ мады раз æмæ хуыца- уы раз цы дзырд раттон, уый дæр, кæд нын Мосе Гдзе- ^адзе йæхæдæг æгæр нæ фæхивæнд уа, уæд! — Кæй кой кодтай, уыцы лæджы фæхон, æз дæр уым нæ разы кæндзынæн. — Æндæр нæ куы нæ бахардз уаид гæртам, чизоны ма æндæр искæмæн дæр бахъæуа. — Уæд дыууæ сæдæ сомы дыууæйыл адих кæн. — О, мæ цæстытæ куыд рахаудтой! Уый гæнæн куыд Ис> хуымæтæджы лæгтæ не сты миййаг уыдон иууыл, ^лдæрттæ сты, номдзыд адæймæгтæ, сæдæгай сомтыл ДЫн сæ къухтæ чъизи кæндзысты, уыдон балхæнын æн- Цон нæу. Куыд дыл зыны, нырма æвзонг кæй дæ, уый. — Нырма мыл дыууын азы æххæст нæ цæуы, — фæ- 75
сайдта йæ Луарсаб, — æххæст ыл цыдис дыууын азьг. — Уый дæр æвддæс аздзыд уыдзæнис. Комкоммæ дæр бæлуæттæ уыдзыстут, дæттæй, æммыст уыцы амонд- джын бон куы рыййафин æмæ сымах иумæ кæрæдзи фарсмæ бадгæ куы фенин. Бирæ уæм нæ бахæлæг кæ- нид?! — Уæд кæд æцæг афтæ у, уæд фæцырд кæн, дæ хор- зæхæй, кæд ма дæ хуьщау уырны, — балæхстæ йын код- та Луарсаб. — Е, е, хъуыддаг мæ фæцырдæй куы уаид, уæд аф- тæ тагъд де знаг дæр куы æрбамæлид, æз уый куыд тагъд ацаразин, фæлæ хъуыддаг уыцы æлгъыст фыдыл баст у. Уæддæр тæрсгæ ма кæн, хуыцау æнæхатыр нæу. Афтæ фæцис ацы номдзыд чызгамонæджы фыццаг фембæлд. Уыцы бонæй фæстæмæ Луарсабæн йæ хъуы- дыты фыны дæр æмæ хъалы дæр æппынæдзухæй зила- хар кодтой уыцы нывы хуызæн чызг æмæ йæ чыссæ дыу- уæ мины æхцаимæ. Тыхджындæр æй æрфæндыд, йæ бæллиц тынгдæр сыхсысти æмæ-иу æй куы æрбаймы- сыд, уæд-иу алы хатт дæр йæ уæнгтæ йæхи мидæг ныл- хъывта æмæ-иу йæ былтæ зыдæй астæргæйæ загъта: «Къухæй нывгонд чызг, дыууæ мины сыгъзæрин æхца æмæ ма, дам, чизоны ноджы фылдæр... А! Цы зæгъдзы- нæ, Луарсаб, æвзæр хъуамæ ма уа?!» Уымæн фæзæгъынц: «Амонд мын ратт æмæ мæ стæй фæнды’фаджысдоны баппар!» VII Кæд мæнг æхсин йæхи пайдайы фæдыл хъуыддаг иу чысыл дарддæр крдта, уæддæр хъуамæ тагъд фæуыда- ид, уымæн æмæ сæ дыууæ ’рдыгæй дæр фæндыди. Мæнг æхсины сæрхмагонд пайдайы уæлдай ма ацы хъуыдда1 джы уыд æндæр къуылымпыгæнæгтæ дæр: фыццаджы дæр уый æмæ чызгыл сыххæст дыууын азы, фæлæ дзырдтой дыууын иу дæр, дам, ыл цæуы. Уымæн дæр ма ницы у, сæ бон у асайдтаиккой йæ, бæх нæ уыд, мий- йаг, æмæ йæ дæндагæй не сгæрстаиккой, фæлæ фыдбы- лыз уый уыди æмæ фыдуынд разынди. Ам лæджы куыд хъуамæ фæсайай? Йæ цæстытæ йын бабæтдзынæ? Æцæг у, фыццаг ын æндæр чызг фенын кодтаиккой, стæй дзу- ар æфтауынмæ куы ’рцыдаид, уæд ын дзуар тыххæй бафтауын кодтаиккой. Фæлæ мæнг æхсин тарсти: стæй мæ, зæгъгæ, мæ дзыккутæй куы фæралас-балас кæной* 76
Ф лæ дзыккутæй фæралас-баласæн дæр ницы у, дзæ- йæхæй баззайæн дзы куы уаид, уæд дыууæ сæдæ сомы ымаен чысыл æхца не сты! Æцæг Луарсабæй дæр век- ^ел байста, фæлæ уыцы мæгуыры дæр ахæм къæппæ- яжы куы баппара, уæд ма йæм æхца исынмæ та цы ц^ссгомæй бацыдаид? Уайтагъддæр æй æрцахстаид. Ба- хъаст кодтаид æмæ вексел диамбегмæ радтаид, æмæ цы рауадаид? Луарсаб бафауын кодтаид вексел, кæн- нæуæд та йын йе ’рдæг диамбег ахастаид, уыцы ’рдæг дæр дымды фæуæд, хъуыддаг ма раргом уæд, уый йет- тæмæ, æндæра ма уæд мæнг æхсин цы хъуамæ бакод- таид? Æрцахстаиккой æмæ йæ ахæстоны бамидæг код- таиккой. «Нæ, — ахъуыды кодта мæнг æхсин, ацы век- сел уал мæхимæ уæд: йæ рæстæг куы ’рцæуа, уæд ын рымысын кæндзынæн, кæд мын ратта, уæд хорз, кæд нæ, уæд уый дæр дымды фæуæд, — иудзырдæй, ацы векселы æхцатæ кæнæ о сты кæнæ — нæ. Фæлæ хъуыд- даг цæмæн хъуамæ сдзырдтаг кæной: арæхстгай арха- йыны хуызæн дзы ницы ис; фæлтау афтæ хуыздæр у, Гдзеладзе Мосейæ дæс туманы æрмæджы байсдзынæн, уый мæ зæрдæмæ цæуы! Фæфьглдæр ын сæ кæнын кæ- нон æмæ фæсайон Луарсабы, æндæра уым рахъаст-ба- хъастыты фыдæбойнаг фæуыдзынæн, чизоны ма хъуыд- даг дæр раргом уа, ууыл ма мын чизоны æндæр хъуыд- дæгтæ дæр æрбабæдтой, уæд иу стыр фыдбылыз рауай- дзæн... Цæмæн? Нæ, уый мæ хъуыддаг нæу: æз уарзын хъуыддаг «сыгъдæгæй» аразын. Ахæм хъуыдыйыл лæуд уыди мæнг æхсин, йæ уарзон Гдзеладзеты хъæумæ куы бацыд, уæд, цыма цахæм- Дæр фыдæлтыккон дзуармæ æхсæвиуат кæнынмæ цыди, уыйау. Дыккаг райсом Гдзеладзе Мосе йæхæдæг фев- зæрд йæ разы æмæ мæнг æхсины ахуыдта сæ хæдзармæ. Райдыдтой уынаффæ кæнын. — Ией, мæ хорз хойæ зынаргъдæр хо! Лæппу æви чызг? — бафарста йæ Гдзеладзе Мосе. — Тас у, чызг куы разына, уымæй, — дзуапп ратта мæстыгæнæгау мæнг æхсин. —- Цы? Нæ йæ исы? — Нæ. . —- Уæддæр цы зæ’гъы? "-- Чызг йæ зæрдæмæ нæ цæуы, — хъыг дæм ма фæ- ^сæд,^ фæлæ йæ фыдуынд хоны. — Йе, де намонд куыд æрцыд, Мосе! Цымæ йæ ис- кУы федта? 77
— Нæ, никуы йæ федта, фæлæ йын дзырдтой. — Уæдæ йæ кæд нæма федта, уæд нырма гæнæн ис хъуыддаг æрзилæм. — Ома куыд? — Кæд мын баххуыс кæндзынæ, мæ хойы хай, æмæ мæ цæхх æмæ къæбæр нæ ферох кæндзынæ, уæд хъуыд- даг йæ ранмæ æркæндзыстæм. — О, дæ нывонд фæуон, мæн цæй фæрсын хъæуы^ ды йæ зоныс, мæ сæр дæуæн лæггад кæнынæн нæ ба- хæлæг кæндзынæн. — Уæдæ кæд афтæ у, уæд фæлæу. Сыстади Мосе, ацыди дуармæ æмæ чысыл фæстæ* дæр æрбакодта иу заманайы рæсугъд, гуырвидыц, æв- зонг чызджы. Слæууын æй кодта мæнг æхсины раз, азилын æй. кодта иу æрдæм дæр, иннæ ’рдæм дæр æмæ йæ стæй. рарвыста дуармæ. Фæлтæрд мæнг æхсин фембæрста, ацы хъуыддаг цæ- мæ ’рцыд, уый, фæлæ йæхи афтæ равдыста, цыма йын мурдæр иицы зоны. Гдзеладзе Мосе бацыди æмæ та йæ* фарсмæ æрбадти. — Куыд дæ зæрдæмæ фæцыд? — райдыдта Гдзела- дзе. — Уый заманайы рæсугъд куы у, — æнæаххосджы- ны хуызæнæй сдзырдта иттæг аххосджын мæнг æхсин. — Ноджы хуыздæр нæ уыдзæни, мæ чызджы пы- султæ йыл куы скæниккам, уæд? , — Кæй зæгъын æй хъæуы: иу дыууæ ахæм фæтынг- дæр уыдзæнис йæ бакаст. — Ды цы зæгъдзынæ, нысан æрхæсджытæн ацы чыз- джы дзæбæх арæзтæй, мæ чызджы бæсты, куы равди- сæм, уæд? — загъта Мосе æмæ йын йæ цæстытæм ным- дзаст ис, кæд йæ дзуапп уым равзарид. — Æмæ стæй нысаны фæстæ сиахсаг куы ’рцæуа,. уæд уымæн та цы кæндзынæн? — Уæдмæ йæ чи ныууадздзæн? Æртыккаг бон сы» дзуарæфтауынæн снысан кæнæм æмæ ма йæ кæм рав- дæлдзæни уый бæрц æмæ чызджы фенынмæ æрцæуа? — Стæй дзуарфтауынмæ уæддæр цæудзæн? — Стæй мæхæдæг зонын. Ды мын уый уонг баххуыр ,кæн æмæ стæй цы хъæуы, уый мæныл уæд. Тыххæй сьиг дзуар бафтауын кæндзынæн. — Нæ, мæ зынаргъ, нæ, æз ахæм хъуыддæгтæ дæр 78
(Ьедтон, уый нæ сараздзынæн æмæ дын æй ныридæгæю зæгъын. — Цæуылнæ? — Уый фехъуыста, зæгъгæ, фыдуынд у... — Уый мæт дæ ма уæд, — йæ ныхас аскъуыдта Мо- се, — нысан æрхæссæг ацы чызджы куы фена, уæд ацæу- дзаен æмæ зæгъдзæни: — цы хынджылæг кæныс, ахæм чызг нырма æз никуы федтон, уый куы нæ уа, уæд та иу фæндзай сомы дымды фæуæд. Ахæм ын зæгъдзынæн^ æмæ... — Йе ’фсымæры рарвитдзæни. — Уый та ноджы хуыздæр. Гæртам куы нæ уа, уæд- дæр йæхи цæстæй цы фена, уый ма хъуамæ зæгъа? Æн- дæра йын æхца дæр нæ хæлæг кæнын. — Нæ, мæ хæлар, æз уыцы тæригъæды нæ бацæу- дзынæн. Ай дын мæнæ дæ нысаны фæндзай сом æмæ- хъуыддагыл æз мæ къух исын. Систа дыууæ дыууын фæндзгай сомтæ фæлтæрд чызгамонæг æмæ сæ ратта Мосемæ. — Уæдæ мыл сайдæй цæуыс?.. — загъта йын мæсты- хуызæй Мосе, — мæ бинонты цард халын дæ фæнды? Уæдæ ме ’намонд чызгæн нæ тæригъæд кæныс? Ех, аць& мæнгард, мæнгард бæстæ!.. Иууылдæр уæгъды сты: иæхх æмæ кæрдзын дæр, хорзы цæуын дæр, уарзондзи- над дæр, хæлардзинад дæр!.. Цы кæнон, дæ бар у!.. Æр- мæст уый зон æмæ мын мæ зæрдæйы маргæйдзаг мæ- тæй фæрæхуыстай, здыйы нæмыг мыл ныццавтай, æнæ- мыггаг лекъагау мын бабын кодтай мæ чырыстон уды. Мосе афтæ æнхъæлдта, ацы ныхæстæй йын æрсæт- дзæнис йæ зæрдæ, фæлæ нæ зыдта, мæнг æхсин цахæм: æхсин уыдис, уый. Мæнг æхсинæй цæй æхсин уыдаидг уый ныхæстæй исчи куы сайдтаид, уæд!.. Иæхинымæ- ры-иу худти æмæ-иу æддæмæ та йæхи афтæ æвдыста, дыма тынг маст кæны, фæлæ йæ бон баххуыс кæнын ницы у. — Ды цæрай, Мосе, — загъта хъынцъымгæнæджы? хъæлæсæй мæнг æхсин, — æз дзæнæты ма фенон ме ’на- монд лæджы, — ды иууылдæр уый фæлгондз дæ æмæ Уый хуызæн, кæд æз дæ хæдзарæн лæггад кæнынæн мæ- сæр дæр бацуарддзынæн, фæлæ лæггад дæр лæггад у. — У, æмæ цы? — загъта йын ныр чысыл ныфсджын- Дæрæй Мосе, уый, куы бамбæрста, зæгъгæ, мæнг æхсин ^рсæттынмæ хъавы, уæд, — у, æмæ йын цы саразæм? Афтæ æнхъæлыс, мах нæ зонæм лæггадæн лæггады 79
.аргъ бафидын? Цы æдзæсгомдзинад мæм ссардтай? Дыууæ сæдæ сомы дын нæ загътон? Дыууæ сæдæ фæн- дзай уæд, фæрныг æхсин! — Нæ, мæ хæлар, хъуыддаг æхцайыл нæу миййаг; мæ зæронды бонты ма мæ мæ дзыккутæй фæралас-ба- лас кæндзысты, мæхи амардзынæн. — Дыууæ сæдæ æвдай сомы уæд. ’ — Нæ, мæ хæл’ар, æхца цы скойы аккаг у. Хъуыд- даг ахæм у, æмæ йæм ныфс бахæссæн нæй. — Фæлæ йын саразæн ис, нæ? — дыууæ сæдæ стай .уæд? — Нæ, саразæн та йын куыннæ йс, фæлæ йæ сæр чи рауæлдай кæндзæн? — Дыууæ сæдæ нæуæдз уæд. Фылдæр сæ кæны Мо- се цъусгай-цъусгай æмæ алы бафтыдæн дæр уыны, мæнгæхсин фæлмæнæй-фæлмæндæр кæй кæны, уый (ома разы кæнынмæ хъавы). — Сæр рауæлдай кæнын дзы тынг хъæуы, æндæр саразæн цæмæн нæй, — мæнг æхсин, арæхстджын мæнг æхсин, ахæм хиндзинадæй загъта ацы фæстаг дзырд, цыма Мосе æхца кæй фылдæр кæны, уый хъусгæ дæр нæ кæны, фæлæ æрмæст ууыл хъуыды кæны, гæнæн ис, æви нæ. Рагæй зоны мæнг æхсин, гæнæн ын кæй ис, уый, фæлæ-иу аджы йæ къух куы фæтъыста, уæд дзы дзæбæх, кæрдих сласын уарзта. Мосе йæм куы нæ фæ- раздæр уыдаид, уæд ын мæнг æхсин йæхæдæг загъта- ид, афтæ бакæнæм, зæгъгæ. Къухæй нывгонды хуызæн хуыдта чызджы Луарсабæн æмæ йын уæдæ ахæм фыд- уынды кæм æвдыстаид? Цæугæ дæр уый тыххæй æр- кодта, цæмæй Мосеимæ равзарой хъуыддаг афтæ, æмæ дзы æхцатæ дæр фылдæр куыд разгъæла. Фæлæ иугæр .Мосе уымæн загъта, уæд мызды хъуыддаг дыууæйыл адих ис. Мæнг æхсин дæр ноджы ныццин кодта, — ныр æз хъуамæ ма уал сразы уон, — загъта йæхимидæг,— кæд пайда гæнæн искуы ис, уæд ам хъуамæ спайда кæ- • нон. . . • — Æртæ сæдæ сомы дæр уæд,— загъта ма йын раст фæндагыл æрлæугæйæ Мосе, — уымæй уæлдай мæ бон нæу. ^ — Цæмæннæ?— райдыдта та йæхирдыгонау æхсин, иугæр сæ æртæ сæдæ соммæ схæццæ~ кодта, уæд, — цæ- мæннæ? Саразæн ын ис, фæлæ фидауыны куывды æз *дæр хъуамæуон; уымæн æмæ кæд рæза, уæд хъуамæ .80
сырæза хорз. Æрмæст хъуыддаг уый мидæг ис æмæ ацы къабайы куыд хъуамæ æрцæуон? — Къаба дæр дын хæлар уæд, — сразы та йын ис ууыл дæр Мосе, уый куы базыдта дæсны бынтон сразы ис, уæд. Къаба дын мæнæй уæд. — Уæдæ мæм хæстæгдæр æрбалæу, цыдæр дын зæ- гъон, нысан дæдтынмæ æз уымæн рарвитын кæндзы- нæн йе ’фсымæры. Ды чызджы дзæбæх сараз, — дæ хъус дар, — мачи мацы зæгъæд. Æрмæст æртæ боны фæстæ хъуамæ чындзæхсæв æнæмæнгæй саразын кæ- най. 'Рымыс ахæм исты, цæмæй лæппуйæн чызджы фе- ныны рæстæг мауал уа. Стæй дæхæдæг зоныс, мæ хъуыддаг фæуд уыдзæнис. — Фидауыны ’хсæвы дын де ’хцатæ иууылдæр рат- дзынæн, ныр та уал, кæд дæ хъæуы, уæд, мæнæ дæ ны- саны фæндзай сомы фæстæмæ ахæсс. — Нæ, сæдæ сомы уал мын ратт, цæмæй зонын, уæд та мæ цæмæн бахъуыд, уæд фæстæмæ ардæм лидздзы- нæн? — Æвдай фондз сомы уал уæд. — Ратт сæдæ сомы. Дæ хъуыддаджы тыххæй мæ хъæуынц, дæ хъуыддагыл сæ бахардз кæндзынæн, кæд мæ бахъæуой, уæд. Мæхицæн дын сæ курын миййаг? — Цы? Ацы сæдæ сомы уыцы æртæ сæдæ сомы хыгъдмæ нæ хæссыс? Мæнг æхсин ныххудти. — Уæдæ цы? — О, афтæ зæгъ, кæннод æз афтæ фенхъæлдтон, адон та хицæнæй курыс мæ хъуыддагыл бахардз кæ- ныны тыххæй. — Нæ, мæ хæлар, уыдон хыгъдмæ сæ_хæссын. Къа- байаг тагъд ссар, цæмæй ма йæ бахуыйын кæнæм уæд- мæ. — Ай уал дын мæнæ сæдæ сомы. Уыдонæй балхæн, бахуыйын æй кæн æмæ стæй сраст уыдзыстæм. Мæнг æхсин сразы ис, фæлæ фæсайды и. Цы ма йæ даргъ кæнон, Мосе æмæ æхсин афтæ са- Р#зтой хъуыддаг æмæ йæ кæрон дæр афтæ рауадис. Стыр хыз аппæрстой Луарсабыл æмæ йæ фидар стых- той. Дыууæ къуыри куы рацыд, уæд Ларсаб фыр цинæй, °ма мæ хъуыддаг- лæгъз цæуы, иттæг хорз нысайнаги- Ма^мрарвыста <йæ хисдæр æфсымæр Давиды. Мосеадæ- ^æй бынтондæр никæмæ фæсидти, никæй æрхуыдта» 6- И. Чъавчъавадзе. 8Г
цæмæй йын йæ хæйрæгдзинад мачи базыдтаæд. Луар- сабмæ дæр ныффыста — макæмæн æй фехъусын кæн, зæгъгæ. Мæнæ, йе, уыцы фыстæг, æппæт йæ хорздзи- нæдтæ æмæ йæ рæдыдтытимæ. «Мæ диссаджы амондджын мыггагджын сиахс... Æз стыр амондджын дæн, уымæн æмæ дæуæй дæн абон зæронд амондджын æмæ мын мæ зæрдæ сиахса- ды амонды циндзинадæй байдзаг кодтат æмæ мын мæ цæстытæ скæсын кодтай кæцыдæриддæр ногæй федта ацы фæлдурæджджын дунейы уалдзæг уый тыххæй ит- тæг цин кæнын кæцыйы ныртæккæ дæн мæ диссаджы номдзыд сиахс, кæцы дæуæй курæг дæн, рарвитай ны- сан цæмæй хъуыддаг ма ныффæстиат уа бирæ адæм ма рарвит, кæцыдæриддæр æз зæронд рынчын, лæг дæн, мæллæг æмæ кæд æмæ уынаффæ æмæ минас кæцыдæ- риддæр мæнæн мæ бон нал у кæцы тынг хорз сараздзы- сты чындзæхсæвы кæцыйы сымах уыдзыстут мæ хæдза- ры фысым æцæг дæр, бирæ адæм хъуамæ æркæнад сымах дæр уæ бирæ хæстæджытæ уын ис кæцыдæрид- дæр æз дæр нæ дæн æнæхæстæг æмæ бирæ æрхондзы- стæм Куыддæриддæр æмбæлы уæ кадджын мыггагæн æмæ мæ хæдзарæн, мæ хæдзарвæндагæн... Æнæ уый ут амондджын, чырыстийы фырт хуыца- уæй курын уæ амондджындзинад, кæцыдæриддæр мæ- фена сымах усы фыд, æрттивгæ æлдар Мосе Ношрева- ны лæппу Гдзеладзе». Кæй зæгъын æй хъæуы, уæздан Луарсаб ацы фы- стæджы фæстæ нал æрырвыстаид бирæ адæм. Æрмæст ма иунæг Давид æмæ иу кæйдæр рарвыста, зæгъгæ, иугæр йæ нæуæг усы фыд рынчын у, уæд æй ма бахъыг дарой. Давидæн бахæс кодта, цæмæй æхцайыл дзæбæх æрдзура, кæд сæ ратдзысты, æмæ стæй чызджы дæр дзæбæх æруыной. Стыр цытимæ райста Мосе Давиды. Сæхи чызджы бæсты у*эщы чызджы хорз сфæлыстой æмæ йæ Дави- дæн афтæмæй равдыстой. Давид æй куы федта, уæд сырра ис æмæ йæхимидæг тынг бахæлæг кодта йе ’фсы- мæрмæ, уæлдайдæр йæ зæрдыл куы æрбалæууыд уый цур йæхи къæсхуыр ус, уæд. Æхсæвæрыл куы бадты- сты, уæд уыдысты æрмæст цыппар: Давид æмæ йемæ кæй æрбакодта, уыцы чидæр, Мосе йæхæдæг æмæ йæ х^ьомылгонд лæппу. Мæзæрдийæ,^æхсин дæр Мосетæм уыдис, фæлæ уый устытимæ бахсæвæр кодта, Мосе ха- 82
тыр ракуырдта, ахæм номдзыд æмæ зынаргъ уазджы- тæм адæмы кæй ие ’рхуыдта, уый тыххæй. — Цы кæнон, дæ низтæ, — за1ъта Мосе Давидæн,— мæ нæуæг дзæбæх хæстæг! Рынчын дæн, уазджытæ куы æрхуыдтаин, уæд сын лæггад нæ бафæрæзтаин. Æл- гъиныл мын æй ма банымай, дæ низтæ! Нырма уал æнæуый рынчын цæмæн бæззы, æмæ стæй фысым куы уа, уæд та? Æндæр дын хуыцау уый бæрц хорздзинад раттæд, мæнæн цас хæстæджытæ æмæ æввахс адæй- мæгтæ ис. Фæлæ ме ’рхонгæтæ цæй минас хъуамæ фæ- кодтаиккой. Фæлтау хуыздæрыл банымадтон, зæгъын, макæй æрхонон, ацы куывд уал афтæ, бынæттон фæ- уæд æмæ стæй чындзæхсæв мæныл уæд. Чындзæхсæвы тыххæй уын цы загъта ме сиахс? — Цас, дам, тагъддæр уа, уыййас — хуыздæр, — загъ- та Давид. — Æппæлынмæ мын æй ма айсут, фæлæ ацы чызджы куы фена уый, уæд, мæ сæр амæлæд, уыцы ми- нутыл дæр дзуар бафтаудзæни! — Æмбисонды рæсугъд у, — бафтыдта уазæг дæр. — Цы кæнон? Табу хуыцауæн, хуыцау мын уый рат- та æмæ алцы дæр хуыцауы фæндæй у. — Загъта Мо- се. — Æхсызгон мын у, сымахыстæн, мæ чызг уæ зæр- дæмæ кæй фæцыд, уый. — Хуыцау бирæ фæцæрын кæнæд нæ чындзы! — Да- вид райста нуазæн. — Хуыцау сæ иумæ адджынæй ба- зæронд кæнæд. — Бузныг уæ дæн, уæ низтæ! — Мосе йæ сæрæй акуывта сегасæн дæр. — Уæдæ цас тагъддæр уа, уый- йас хуыздæр у. — Уый афтæ загъта, — дзуапп ратта Давид, — æз дæр уын, раст зæгъон, афтæ мæ фæнды ме ’фсымæрæн, цы ма дарддæр кæнæм хъуыддаг. — Мæ хъуыдымæ гæсгæ дæр афтæ хуыздæр у, — загъта Мосе, — чызг ам руайы. Уый хъуамæ ма зæгъид йæ фыд, фæлæ уын æй цы æмбæхсон, дæрддаг мын не стут, — чызг ам руайы... — Уый та уым руайы, сымахыстæн! — даьурд .айста Давид. — Уæдæ мын кæд зæгъат, уæд чындзæхсæв, — загь- та сын Мосе. Иу дзырдæй, аскъуыддзаг кодтой, дыццæджы изæ- рыгон хъуамæ æрцæуа сиахс æмæ уыцы æхсæвы хъуа- ма^ дзуар бафтауой. Дыккаг бон Давид æрдзырдта æх- Дайыл. Мосе сын фидарæй загъта, куыд сын чындзæх- 83
сæвы дыккаг бон дыууæ мин сомы сыгъдæг сыгъзæ- рин æхца йæхи къухæй ратдзæн. Сæ къухтæ кæрæдзи- мæ раттой. Давидæн дыккаг бон йæ чындзы нал фенын кодтой, — сæхимæ рацыд æмæ Мосе йæхи хæдзары баз- зади. Мосе Давиды куы сывæрдта бæхыл æмæ йæ куы рафæндараст кодта, стæй иунæгæй куы баззади, уæд фырцинæй йæ къухтæ ныццагъта æмæ худгæйæ загъ- та: цы хъæбатырæй акодтон хъуыддаг. Ныр мæн ба- цархайын хъæуы æрмæст ууыл, цæмæй æнгуыр баппа- рон мæнг æхсиныл, иу ахæм исты æрымысон, цæмæй йын цы æхцатæ раттон, уыдон йеттæмæ йын мацы уал раттон, æндæра уый мæн куы фæсайа, уæд худинаг уы- дзæн. Ацы хъуыдытæ кодта, мæнг æхсин йæ размæ хъæл- дзæгæй куы рауади, уæд. Мосейæн ус нæ уыд, æмæ йын æфсины митæ кодта мæнг æхсин. < * — Р1е, цæй хорз рауади, цæ, хъуыддаг! — загъта мæнг æхсин, арфæ дын кæ-нын дæ чызджы амондæй, стыр фыдæбон дзы бакодтон æз дæр, мæхимидæг рыз- тæн, ды цæрай, æдзух рызтæн, аныр фæхъæр уыдзæн, зæгъын, аныр фæхъæр уыдзæн, æмæ бынсæфт кæндзы- нæн, фæлæ мын хуыцау баххуыс кодта æмæ ницы бам- бæрстой. — Ие, фæрныг фæуай! Дзуапп ын ратта Мосе, — рызтæ, афтæ фенхъæлдзæн лæг, цыма фыццаг хатт ара- зыс ахæм хъуыддаг. Рызти!.. <•■ Мæнг æхсин фестъæлфыд. • — Нæ, хынджылæг кæныс, æви мын æцæг дзурыс? — бафарста йæ фестъæлфæг мæнг æхсин. — Цæй хынджылæг дæ кæнын! — Уый еныр? — Еныр дæр, æмæ еуæд дæр! — Уæд дын хуыцау сабырад раттæд, кæд афтæ у, уæд, мæн уал арвит æмæ стæй дæхæдæг зоныс. — Кæдæм дæ фæнды, уырдæм ацу, чи дæ, уромы? «: — Кæй зæгъын æй хъæуы, ничи мæ бауромдзæн, фæ- лæ дзырд цæуыл уыдыстæм, уый мын æри, æмæ дын хуыцау цæрæнбонтæ раттæд, цы дæ фæнды, уый дзур мæн тыххæй: мæ зæрдæ нæ фæрисдзæн. — Дзырд, дам, цæуыл уыдыстæм!.. Цы дын раттон, ууыл дæр фæсмон кæнын æмæ афтæ æнхъæлыс исты ма дын ратдзынæн! < «♦! — Æмæ уый цæсгом у? Зæронд усы, ,посты бæхау шæ фæратæр-батæр кодтай, адæмы .’хсæн мæхи ныхху- 84
динаг кодтон, хъуыддаг йæ къахыл сывæрдтон æмæ мын еныр афтæ зæгъыс? Уый цæсгом у? — Ныссабыр у, æндæра... — Нæ, цæсгом у?.. Дæу фæрсын, цæсгом у? — Уæдæ цæсгом уый у, хъæуæй-хъæумæ цоппай кæ- ныс æмæ чызджыты лæппутæн амоныс, уый цæсгом у? Фарон дæ хойы чызджы, куринаг чызджы сæдæ сомыл дианбегæн куы сразæй кодтай, уæд уый цæсгом уыдис? Куы басывæрджын ис æмæ йын хос куы бадардтай, йæ сывæллон ын æнæгуырдæй куы аппарын кодтай, уæд уый цæсгом уыди? Мæнг æхсинæн йæ уд йæ хъуырмæ схæццæ æмæ дзы байрох сты, ахæм цауты-иу æм цы æвзыгъддзинад, фæл- тæрддзинад æмæ сабырдзинад уыд, уыдон дæр. — Уæдæ кæд афтæ у, — фырмæстæй фæхъæр код- та мæнг æхсин, — уæд мæ сæр дæ къæхты бын стулæд, æз ацы хъуыддаг куы нæ сызгъуыммæ кæнон! — Дæ кæлмæрзæн мын ныккæн мæ сæрыл, дæ кæл- мæрзæн, — сабырæй дзуапп ратта ацы æртхъирæнгæн- гæ Мосе, — æз дæу дæлæ ныккæнды куы нæ ныппарон, цалынмæ чындзæхсæв фæуа, уæдмæ. Цы мын ракæн- дзынæ? Бахъаст мыл кæндзынæ, æви цы? Нæ мæ уыр- ны дæу диамбегæй исты ныфс уа: бирæ тæригъæд ис дæ бæрзæйыл, дæ фыдмитæ иууыл иу ранмæ æртым- был уыдзысты æмæ дын уæд Сыбыры дæр бынат нал уыдзæн, æвзæр мæнг æхсин! Ды-иу чызг кæмæн бакод- тай æмæ-иу пуртиау кæмæй хъазыдтæ, ай дын уыцы диамбег нæу! Уыцы рæстæг адымдта. Ацы ныхæстæ дæр не ’рурæдтой йæ зондыл мæстæй- дзаг мæнг æхсины. Уый уæддæр афтæ дзæгъæл хæты йæ хъуыдыты мидæг фырмæстæй, æндæра мæсты кæ- нын æмæ æртхъирæн кæныны бæсты йæхи афтæ æр- ныгъуылдтаид, афтæ ныссабыр кодтаид, æмæ хъуыддаг иууыл дæр ныддымдтаид. Фæлæ ныр фырмæстæй, куыд загътон, афтæ йæ хъуыды еæфт уыд æмæ уый тыххæй уæддæр рахъæр кодта: — Нымбæхсдзынæ мæ!.. Æй, афтæ дын арвы цæф фæуæд уыцы æдылы къоппа! Нымбæхсдзынæ мæ, цыма Дæ кæртон чызг дæн, кæнæ дæ фыдуынд чызг!.. — Цы дам? Бацамондзынæн дын, кæддæра мæ кæр- тон чызгæй ды мæгуыраудæр нæ дæ. Æз дын ныртæк- кæ фенын кæндзынæн, тъогонайы дæ куыд бамидæг кæндзынæн, уый, — æнæхъазгæйæ загъта Мосе. — Ауын- Дзгæ дæ куы ’ркæнон, уæддæр ничи ницы зæгъдзæни. 85
Фæлæ, дам, арæхстгай архайынæй хуыздæр ницы ис, цæмæй мæ стæй азымы ма дарай, уый тыххæй мын йыртæккæ равдис дæ дзыппы цы ис. Нал уадзы нæ раст æлдар мæнг æхсины. Мæнг æх- еин раздæр йæхи скарз кодта, фæлæ фæстагмæ, — хуы- цау уын хорз ракæна, — йæ дзыппæй сласта иу цъæх фындзсæрфæн. Уым ын уыди цыдæртæ тыхт. Мæнг æх- син ныффæлурс и, йæ ком ныххуси. Ницы уал сдзырд- та. Мосе райхæлдта фындзсæрфæн æмæ йæ сæдæ сомы уым афтæ æнæфæцагайгæйæ тыхтæй федта. Уый сæ уайтагъд йæхи дзыппы авæрдта. Иу цавæрдæр гæххæтт ма фæци йæ къухы. Райхæлдта йæ æмæ разынди век- сел. Уый уыд, мæнг æхсин Луарсабæй кæй расайдта, уыцы вексел. Цалынмæ Мосе ацы хъуыддæгтыл ар- хайдта, уæдмæ мæнг æхсинмæ æрыздæхтысты йе ’взыгъддзинад, йæ хæйрæгдзинад æмæ йæ фердæхтдзи- Егад. Ахъуыды кодта мæнг æхсин: «Ацы хъæртæ æмæ æртхъирæнтыл мæ къух сисон, æндæра мæ æцæгдæр æрцахсдзæни. Æмæ мæ куы æрцахса, уæддæр ын ницы у, фондз-æхсæз бон фыны фенæгау аивгъуыйдзысты; нæхимæ арвитдзынæн, зæгъгæ, чындзы дзаума цæттæ кæнын æмæ чындзæхсæвæй раздæр нал ацæудзынæн. Чи йын цы базондзæн, æрмæст ма ацы сæдæ сомы уæд- дæр райсон! Уыдон уæддæр мауал фесафон!.. «Ацы фæндтæ цæсты фæныкъуылдмæ ацыдысты йæ хъуыды- ты мæнг, фæлæ æвзыгъд æхсинæн. — Ай чи ратта дæуæн? — бафарста йæ Мосе, вексел равдисгæйæ. Мæнг æхсинæн цæттæ уыди дзуапп: — Ныр дæу нæ бауырндзæн, кæй зæгъын æй хъæ- уы, æз ацы вексел кæд райстон, уæддæр æй дæ хъуыд- даджы тыххæй кæй райстон, уый. Миййаг æй куы фæ- сайæм, кæй йын дæдтæм, уый бæсты йын æндæр чызджы куы фенын кæнæм, уый куы базона æмæ куы нæ уал разы кæна, уæд ын ацы вексел равдыстаиккам æмæ йын загътаиккам: дзуарæфтыдыл дæ къух æрфысс, æн- дæра дын вексел дианбегмæ бахæсдзыстæм æмæ дын не ’хца æрмæджы æрнымайын кæндзыстæм иууыл дæр. Уый тыххæй йæ райстон, йе. Æмæ мыл ды уæддæр нæ баууæнддзынæ, уымæн æмæ мæм мæсты дæ, фæлæ мæ- нæн мæ зæрдæ тынг риссы дæуыл. , — Кæд афтæ у, уæд мын æй ныры онг цæуылнæ рав- дыстай? — Афтæ хъуыды кодтон, зæгъын, куы йын æй фе- нын кæнон æмæ уый ныфсæй хъуыддагыл афтæ зæр- 86
дийæ куы нæ уал æрцархайа. Цæмæй зонын? Мах не ’инæг дæр адæймæгтæ стæм. — Ныр та мæ уымæй фæсайынмæ хъавыс, нæ? — Нæ дын загътон, нæ дæ бауырндзæн, зæгъын, лæ- гæн иу хатт йе ’ууæнк куы асæтты, уæд ыл нал æууæн- дынц. Мæныл дæр афтæ цæуы. Ды афтæ æнхъæлыс, сангæ дæ кæнын? Кæд дæ нæ уырны, уæд айс ацы век- сел, дæ дыууæ мины хыгъдмæ йын æй ратт æмæ мæнæн ацы сæдæ сомы дæр мæ фаг сты, мæ хæлар. — Ды мæн ахæмтæй нæ фæсайдзынæ. Ацы вексел дæр мæнæн баззайдзæни æмæ ацы сæдæ сомы дæр, дæу та скъæты бæсты баппардзынæн уæртæ мидæггаг уаты æмæ цалынмæ дзуар бафтауой, уæдмæ дæхи куын- нæ равдисай. Стæй дæ цы фæнды, уый кæн, — æмæ Мо- се ахъæр кодта: лæппу! — Лæппу æрбацыди. — Ацы мæнг æхсины акæн мидæггаг уатмæ, гауыз дæр ын ратт, мутака дæр, хуыссæнгæрзтæ дæр, кæр- дзын æмæ йæ сæнæй ма фæцух кæнут. Æрмæст афтæ бакæн: дуарыл гуыдыр сывæр æмæ йын йæ дæгъæлтæ мæнмæ ратт. Ацы хъуыддаг исчи куы базона, уæд мæ- гуыр дæ къона! Лæппу змæлгæ дæр нæ фæкодта, афтæ фенхъæлдта хъазгæ кæны. — Не хъусыс, кæйдæр... фырт! — ныхъæр ыл кодта Мосе. — Уæд баууæндыд, цæг ын кæй зæгъы, ууыл, бацыд, мæгуыр, мæнг æхсинæн йæ къухыл ахæцыд æмæ йæ акодта. Уый йæхи афтæ æрынгъуылдта æмæ тымбыл къухы йас дæр нал уыд. Фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ фесæфта, ацы хъуыддаг кæй ныссусæг кæндзæн æмæ Дзы дзæбæхæй кæй баззайдзæн, уый тыххæй. Ахæм ны- хас ма æрбаймысыд фыдбылызау æмæ загъта Мосейæн, ома уый ницы хъуыддаг у. — Дæ нывонд фæуон, цы хорз дыл фидауы æфсоны маст! Ацы æдылы лæппуйы дæр бауырныдта, афтæ фенхъæлдта, æцæг ын загътай. Мæгуыр лæг у, нæ йæ бамбæрста, ма йæм фæхъыг у,,дæ нывонд фæуон! Айхуызæн дæсныйадыл, чысыл ма бахъуыд, Мосе ма фæхуда. Лæппу дæр фергъиау ис. Мæнг æхсин ма бирæ Цыдаертæ фæдзырдта, фæлæ йын ницы уал баххуыс код- та: мидæггаг уаты йæ бакодтой, сæхимæ фыстæг ныф- ’фыста, зæгъгæ, чындздзон дзаума цæттæ кæнын æмæ мæм æртыццæгмæ ма æнхъæлмæ кæсут, æмæ йын æй 87
раздæр Мосе бакасти. Фыстæг куы ныффыста, уæд ба<- цыд мидæггаг уатмæ, сбадти гауызыл, кæдæмдæрид- дæр цыд йе ’лхуый емæ хаста æмæ ам дæр емæ уыд, систа йæ æмæ райдыдта æлвисын, цыма никуы ’мæ ни- цы. VIII Давид хæдзармæ куы бацыд, уæд уыди изæр. Иæ ус, Елисабед æмæ Луарсаб æмбонды аууон бадтысты кæрты. Луарсаб æй куыддæриддæр ауыдта, афтæ йæ размæ рауад, фæлæ фефсæрмы ис æмæ йæ ницæмæй бафарста. Давид бæхæй æргæпп кодта, йæ цырыхъ- хъыты рæттæ балвæста æмæ усæн салам дæр нæ загъ- та, афтæмæй бафæлдæхти гауызыл. — Куыд дæ зæрдæмæ фæцыд дæ чыидзаг? — бафар- ста йæ ус. Луарсаб æм лыстæг æрыхъуыста. — Æмбисонды рæсугъд кæй фæхонынц, уый у,— загъта Давид, æз уый хуызæн уæздан чызг никуы ма федтон. Луарсаб сцин кодта, Елисабедæн та хъыг уыди: мæ- нæй хуыздæр уыдзæн, зæгъгæ. — Æцæг, мæ зынаргъ, — бафарста йæ Луарсаб. — Ды цæрай, ахæм чызг никуы федтон. — Афтæ куы загъта, уæд йæ усмæ бакаст, æмæ хæлæгæй загъта: æз ма чысыл куы фæлæууыдаин ускурыныл, уæд мæ хъуыд- даг бæргæ æндæрхуызон уыдаид. — Куыд? Дæ дыууæ цæсты рахауой, ды йæ ’ракуырд- таис, æви цы? — зæрдæ æхсайгæйæ йын загъта йæ ус. Æбæллицаг амонд мæ хай фæци! Мæ фыд дæр уымæн’ нæ разы кодта, мæн дæ хуызæттæ нæ куырдтой, миййаг! — Нæ разы кодта,- æз дæр æй зонын, уырысы пад- дзахы лæппуйæн дæ лæвæрдта. Бузныг цæуылнæ дæ, æз æнæхсæст ми кæй бакодтон æмæ дæ кæй ракуырд- тон, уымæй. Афтæ дзырд дзырды асайдта æмæ сæм ахæм хыл сырæзти, ахæм, æмæ дæумæ дæр диссаг фæкастаид. Елисабедæн уыцы бонæй фæстæмæ йæ зæрдæ æхсайыи райдыдта æмæ мæсты кодта, йæ удхæссæг фестад йæ чындз, нæма йæ федта, афтæмæй. | «Уайтагьд ме знаг дæр куы ныммæлид, цайтагъд æз уый сфæлварон, — дзырдта йæхимидæг Елисабед. — Ацы хæдзары мæнæй хуыздæр æмæ мæнæй хисдæр ма- 88
чи хъуамæ уа. Уый рæсугъддзинады тыххæй мын мæ> лæг хъуамæ уайдзæф кæна?! Фæлтау ыл раздæр йæ- бон батар уæд. Ахæм сындз ын фæтъысдзынæн йæ цæ- сты, йæ цард йæхæдæг куыд æлгъита!» Элисабед чындзæхсæвмæ нæ ацыди. Чындзхæссæн æхсæвы стыр хæбæрттæ ’рцыди. — Æрцыдис сиахс бирæ æмбæлттимæ, раст дыццæ- джы, йе ’фсымæр дæр уыдис йемæ. Уыцы бон ын, кæк зæгъын æй хъæуы, йæ усаджы нæ фенын кодтой, Мо- семæ дæр æрцыди бирæ адæм. Мосе æнæхъуаджы нæ* рымбырд кодта уый бæрц адæ^м. Ныр дзуармæ ’рвыс- той, æцæг ын кæй лæвæрдтой, уыцы чызджы. Æппæт дæр куы æрцæттæ кодтой, уæд фæхуыдтой сиахсаджы дæр. Луарсаб дзуармæ куы бацыд, æмæ куы ауыдта йæ усаджы, уæд джихæй баззад. Стæй баздæхт йе ’фсы- мæр Давидмæ, налдæр æгъдау равзæрста, налдæр æф- сæрм, афтæмæй йын загъта: — Давид, æмбисонды рæсугъд æй куы хуыдтай? — Адæм хуындмæ фесты, мæгуыр нæуæг чындз ху- динаггаджы фæци æмæ кæуын райдыдта. Давид размæ балæууыд æмæ куы ауыдта уыцы фыдуынд чындзы,. уæд баздæхт сауджынмæ: — Мæ фыды хай! Нырма æндæр исчи æфтауы дзу- ар, æви цы хабар у? —-Æлдар Таткаридзе Луарсаб æмæ Гдзеладзе Мо- сейы чызг Дареджан æфтауынц дзуар, — загъта сау- джын. — Æмæ чындз кæм ис? — Мæнæ уый у. — Луарсаб, — фæдзырдта йе ’фсымæрмæ Давид,— фæсайдтой нæ, ай уый нæу. Дзуар ма бафтау. — Адæм дисы фесты. Луарсаб мæсты æмæ фæлур- сæй ацыдис дзуарæй, чындзхæсджытæ дæр рацыдысты йæ фæдыл. Сæ бæхтæ ’рфарстой, хъуамæ рацыдаиккой, фæлæ сын сæ бамбæхстой. Мосейæн фехъусын кодтой> зæгъгæ, де сиахсаг дзуар не ’фтауы. Æрцыдис Мосе- æмæ йемæ æркодта бирæ адæм. — Æлдар Давид! Ай цы хабар у! — мæстыхуызæй загъта Мосе, — чызджы дзуармæ бакодтат æмæ афтæ- мæй нал разы кæнут йæ ракурыныл? Ныры онг кæм уыдыстут? Кæд уæ мæ чызг нæ хъуыдис, уæд? Чи уын< лæхстæ кодта? Сымахæй мын æй хуыздæртæ куы куырд- той æмæ йæ куы нæ раттон, уæд! — Уæртæ, æлдар, уым ис дæ чызг, кæй хъæуы, уы- 89
мæн æй ратт, ме ’фсымæр уый курæг нæу, фидарæй загъта Давид. — Еныр? Адæм сегас куы базыдтой, де ’фсымæр мæ чызджы куры, уый, мæ чызджы мын де ’фсмæр дзуар- мæ дæр куы бакодта, уæд? Нæ, мæ сæрыл цъыф ка- лын никæмæн бауадздзынæн, кæнæ хъуамæ дзуар баф- тауат, кæннод та уæ ардыгæй иу дæр удæгасæй нал ацæудзæнис. Искуы ма фехъуыстат, сиахсы мын мæ хæдзармæ æркодтой, мæ чызджы мын дзуармæ акодтой æмæ стæй дзуар мауал бафтауæд!.. — Æмæ, уæдæ афтæ фехъуыстат æмæ чындзы баи- вой! Уый дæ чызг нæу. — Хæлар адæм! Кæсут! Куы ницы æфсон сын ис, уæд цы æрымысыдысты, — афтæ зæгъынц, дæ чызг, дам, нæу, — расидти адæмæн Мосе. — Уæдæ кæд уый нæ, уæд кæй у? — схъæр кодтой Мосейы адæм. — Ард дын хæрæм. — Нæ, æлдæрттæ, нæ, ме ’фсымæр дзуар не ’фтауы. Кæд тыхæй у, уæд мах дæр ахæм тæрсаг не стæм, — загъта Давид æмæ йæ хъамамæ фæлæбурдта. Усты- тæй дзуары чидæриддæр уыд, уыдон фæйнæрдæм фæ- лыгъдысты, уый куы федтой, ам сæ бынат нæу, уæд. Чындз æмæ ма дыууæ зæронд лæджы Мосе ныууагъта дзуары, ныфс æй уыд исты амæлттæй кæй бафтауын кæндзæни дзуар. — Уæдæ Мосе æлдары фырт ма уæд, — радзырдта уый, — кæд уын æз мæ хæдзар фæхудинаг кæнын ба- уадзон, цалынмæ гас дæн, уæдмæ уый мæ сæрмæ нæ «бахæсдзынæн мæ мыггагæн æмæ Таткаридзетæ мæ чыз- джы дзуармæ бакæной æмæ дзуар ма бафтауой. Дзуар хъуамæ æфтыд æрцæуа. — Не ’рфысдзæн. — Фæстаг ныхас у? — Фæстаг у. — Давид! — уайтагъд йæ хуыз аивта Мосе, йæ хъæ- лæс дæр фæсабырдæр кодта, — ардæм рацу. Давид бацыд. Иуырдыгæй сæ дыууæ дард æрлæу- уыдысты. Мосе систа фондз туманы æмæ Давидæн загъта су- сæгæй. — Ай дын фондз туманы æмæ æнцад лæу. Дæу цы хъæуы? Дæхицæн æй куы нæ кæныс, миййаг? Давид фæчырыстондæр ис. $0
— Фондз туманыл ме ’фсымæры куыд ауæй кæ- доН, —дэуапп ратта Давид. __- Авд фæуæд! —- Авдыл дæр? — Аст уæд! Нæ дæр астыл. —- Уæдæ дæ цас хъæуы? — Дæс уæддæр уæд. — Фарастыл цы зæгъдзынæ? — Нæ, дæс. — Цæй, сæ масты аргъ не сты, фæуæд дæс. Систа дæс туманы æмæ сæ Давидмæ ратта. Давид сæ йæ дзыппы нывæрдта. — Æз ныссабыр уыдзынæн, фæлæ ме ’фсымæримæ дæхæдæг фидау, — худгæйæ йын загъта Давид. — Ды сабыр лæу æмæ ма уæ чындзхæсджытæй дæр иу дыууæ æмбалы æнцад лæууæд æмæ Луарсабæн æз хос кæндзынæн. — Дæ бар фæуæд. Уый ныфс дын æз дæттын. — Æри уæдæ дæ къух! — Кæрæдзимæ сæ къухтæ раттой æмæ мæгуыр Лу- арсабæн дзуар бафтауын кодтой æмыхсæвæджы. Мосе йын йæ дыууæ мин сомы дæр нал ратта. Уыдон хыгъд- мæ йын бавдыста, мæнг æхсинæй кæй байста, уыцы вексел. Луарсаб йæ усы нæ кодта, цалынмæ, дам, мæ сраст уат, уæдмæ, фæлæ дзы куы ницы рауад, уæд сра- зы ис æмæ сæхимæ ракодта йæ Дареджаны. — Елисабед фырцинæй нал фæрæзта, Луарсаб е ’мби- сонды рæсугъд усы бæсты ахæм фыдуынд ус куы æр- кодта, уæд. «О, йæ нывонд фæуон хуыцауæн! — загъта- иу Елисабед йæ лæгæн. — Йæ нывонд фæуон! Нырма Уал мæнæй хуыздæры хъуамæ ракуырдтаид æмæ стæй мæныл фау сывæрдтаид. Æ, йæ нывонд фæуон хуыца- уæн!» Уый фæстæ уæхæдæг зонут, сæ устыты сæрыл хыл кæнын райдыдтой æфсымæртæ æмæ байуæрстой. IX Нæ Луарсаб дзуар афтæ бафтыдта. Кæд ыл тых- хæи æрцыд, афтæ, кæд æй чындзы дзаумайæ дæр фæ- саидтой, кæд ын æмбисонды рæсугъды бæсты дæр фыд- Уынд Дареджаны раттой, уæддæр уый сразы ис — мæ 91
амонд афтæ у, зæгъгæ. Стæй, ды дæр æй зоныс, чиныг- кæсæг, уыдон кæрæдзи бауарзтой. Уыдон афтæ æн- хъæлдтой, ома мах кæрæдзи уарзæм æмæ искæмæн нæ зонын. «Хуыз — хуызæн, табу — хуыцауæн», афтæ зæ- гъынц адæм. Хуыз хуызыл фембæлы æмæ кæрæдзийы сымхуызон кодтой. Ацы æмхуызондзинад махмæ иу æмæ дыууæ нымайынц уарзондзинадыл, миййаг? Дис- саг у гуырдзиаг лæг. Амонд æ^мæ ’намондыл æмхуызон разы кæны. Уый нæдæр амондыл сархайдзæн, нæдæр æнамоиды ныхмæ самайдзæн тох, — æмæ алы ран дæр лфтæ иугъуызон æвæлмæст æмæ æнæсæттон сты. Ацы æвæлмæст æмæ æнæсæттондзинад æгъгъæдыл ныма- йынц, райгонд дзы сты; ацы райгондæй та чидæр афтæ загъта, амонд, дам, у. Кадджын зæронд лæгтæ бирæ хæттыты загътой мæнæн, зæгъгæ, дам, нæуæг фæлтæ- рæй уымæй уæддæр хуыздæр стæм æмæ мах чысыл райгонддæр кæй стæм. Æз-иу ныссабыр дæн æмæ ахъуыды кодтон: райгонд уæвын лæгæн мæлæтдзаг низ у. Амондджын у ног фæлтæр, кæд æм æцæг ацы райгонд уæвын нæй, уæд. Кæд искуы ныфс ис, уæд уый мидæг хъуамæ уа: æнæмбаргæ адæймæгтæ буц сты, цы сын ис, уымæй, уый тыххæй уыдон ’хсæн фылдæр ис амонд- джынтæ, æмбаргæ адæймæгты ’хсæн та цъусдæр. Уы- мæн æмæ уыдон алы хатт хъæуы хуыздæр, уымæн хор- зæй хуыздæртæ ис. «Хуыздæрæй хуыздæртæ бирæ ис», — фæзæгъынц адæм. Ацы ус æмæ лæг ахæмтæ нæ уыдысты. Уыдон сæхи цардæй «хуыздæр» никуы æнхъæлдтой дунейыл. Уыдон райгонд уыдысты: хæс никæмæй дардтой, хыл ничемæ кодтой æмæ æндæр, æрмæст иу маст уыдис сæ зæрдæ- ты, зæнæг сын нæ цыди. Кæд Луарсабыл цыппор азы сыххæст æмæ Дареджаныл та — цыппор иу, уæддæр сын хуыцау байзæттаг нæ ратта. Æхсин бирæ хæттыты фæрафæлдах-бафæлдах кодта Къарабадин, бирæ цы- дæр хосгæрдæджытæ фæхордта æмæ дзы Луарсабæн дæр бадардта, фæлæ сын ницы баххуыс кодта. — Цæ- уыл уæгъды сæ сæртæ сæттынн, — рæхойæн ныхас-иу кодта Елисабед. — Цæуыл уæгъды фыдæбон кæнынц? Зонынджын Соломоньгчиныг-иу куы касти æмæ-иу куы хин митæ кодта, уыцы митæ йын æркъæрцц кодтой, йе, йæ сæр. Хуыцау сæ фæзæрдæцъæх ис æмæ сын йал æх- хуыс кæны». ! Уыдон уæддæр сæ ныфс нæ састой. Фехъуыстой, зæгъгæ, дам, горæты иу дæсныфæрсæг ис. Уый, дам, 92
^азондзæн æнæзæнæджы аххосаг. Сæ зæнæг кæныны стæг дæр аивгъуыдта, фæлæ горæтмæ арвыстой лæг, емæ йын арвыстой иу дзæбæх зæлдаг кæлмæрзæн. Ацы æЛМæрзæныл, уæхæдæг куыд зонут, афтæмæй, дæсны хъуамæ арфæтæ бакæна, йæхæдæг æм чи нæ æрцæуа, уымæн, æмæ стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, дæсныфæр- сæгæн баззайы. Æртæ боны фæстæ сын лæппу дзуапп #рхаста, зæгъгæ, дам, «сымахмæ дзуар фæхъыг ис æмæ стæй кæцы? — Телеты дзуар. Афтæ, дам, мын загъта дазсныфæрсæг». Уый куы фехъуыстой ус æмæ лæг, уæд æмрæстæджы сæхиуыл дзуар бафтыдтой æмæ æмхъæ- лæсæй радзырдтой: — Кæцæй кæдæм нæ æрфарста! Кад æмæ цыт хуы- цауы номæн, — загътой æмæ та сæхиуыл дзуæрттæ баф- тыдтой. — Хуыцау æй ралгъита, кæцæй кæдæм нæ бафар- ста, — сфæлхатт та йæ кодта Луарсаб. — Дзуарæй «æлгъыст» куыд зæгъыс? — Хуыцау, ма мæм фæхъыг у! — цалдæр хатты йæ- хиуыл дзуæрттæ афтыдта,— о, хуыцауы ’лгъыегфæуа, •фæцахуыр ыл дæн æмæ йæхигъæдæй дæр схауы мæ дзы- хæй, — хуыцау, ма мæм фæхъыг у! — Ныр цы зæгъдзынæ, Луарсаб, ацæуæм? — Æмæ дард нæу? — Цы кæнæм? Æвæццæгæн хуыцауы афтæ фæнды. — Цæй ам Некъресы дзуарæн скувæм. — Телеты дзуар нæм фæхъыг уыдзæн: — æз сæм фæ- сидтæн æмæ ардæм не ’рцыдысты, фæлæ уырдæм ацы- дысты, — зæгъдзæии. — Æцæг у, хъыг ын^уыдзæн, смæсты уыдзæн. Æз мæнæ лæг куы дæн æмæ æз дæр куы смæсты уыдаин. Уый ма дзуар уæддæр у, — йæ фæхъхъау фæуон, — но- джы тынгдæр ма хъуамæ смæсты уа? — Хъуыддаг дæр уый у. — Уæдæ цы саразæм? — Хъуамæ ацæуæм. — Дард у æмæ кæд ды дæр зæгъыс... — Еныр кæд цæуæм, уæд мауал рæджы кæнæм — фæхъыг нæм уыдзæн. — Æцæг, æцæг, ма нæм фæхъыг у! Кад æмæ цыт Д^ номæн, Телеты дзуары фæлгондз! Фæцæуын дæм, фæцæуын æмæ дын дæ цæсгомы раз æрзоныгуыл кæн- Дзынæн. — Бауырныдта сæ дæсныфæрсæджы ныхас: Тедо- &3-
йæн сивтындзын кодтой уæрдон, æрымбæрзтой йыл га^ уыз, фæстийæ йыл æрбастой иу дзæбæх фыс, хуыцауæй скуывдтой æмæ иу дзæбæх сæрдыгон бон райсомæйг араст сты горæты стыр фæндагыл. Уæрдоныл бадтысты æхсин Дареджан æмæ йæ лæггадгæнæг чызг Ламази- сеули. Луарсаб, йæ урс бæхыл бадгæйæ, æмæ иу лæппу^ сындæггай ацыдысты уæззау уæрдоны фæстæ. Хæстон, лæджы хуызæн уыдис уыцы рæстæджы æнæуи дæр нæ уарзон Луарсаб, кæд бæмбæгæй тых над голладжы хуызæнæй бадти бæхыл, уæддæр. Йæ астæуыл баст уьь ди гуырдзиаг æхсаргард æмæ лекъаг даргъ хъама, фæ~ стийæ йæ роныл ауыгъдæй зындис æвзистæй фæлыст дамбаца. Иæ уæлæ уыдис сау къуымбилæй цухъа/ Йæ фæтджитыл схæцыд, æмæ сæ хъæбатыр лæджы сагъд æркодта йæ цухъайы дзыппыты. Йæ хæлафы къæхтæ арф нытъыста хъарабахаг бæрзондхъусджын цырыхъыты, йæ зæнгтыл сæнуæйгæнæгау æрбабаста даргъ æвзагджын зæнгбæттæн гæрзытæ. Йæ сæрыл уы~ дис цъæх къæбæлдзыг худ къахеттаг састæй æмæ æн~ тæф кæй уыд, уый тыххæй йæ ныхы цур та мидæмæ ба~ дыдагъ кодта, иудзырдæй, йæ къухы куы уыдаид æл-т вæст æхсаргард, йæ комыл фæткъуы куы уыдаид, аф~ тæ, уæд йæ сæрæй йæ къæхтæм уыдаид растдæр къуы- рисæры хъеен*. Афтæмæй фæндзæм бон схæццæ сты Телетмæ скуывтой æмæ дыккаг бон раздæхтысты фæ- стæмæ. Горæтæй куы рахызтысты æмæ Къахеты фæн- дагыл куы ныллæууыдысты, уæд æхсин Дареджан йæ~ хиуыл схæцыд, азылд фæстæмæ æмæ афæлгæсыд го- рæтмæ. Луарсаб уæрдоныл фынæй кодта æмæ Даре- джан сыхъыл кодта уый дæр. — Луарсаб, акæс-ма, цы диссаг у. Искуы ма уыйасг горæт федтай! Хуыцау, дæуыстæн! Иууыл дурын бæ- стыхæйттæ хъуамæ уой! Æхсин горæт никуы ма федта. — Нæ уæдæ бигæ хæдзæрттæ уыдзысты. — Акæс, акæс, цас дзуæрттæ дзы ис!.. Зонын сæ. Афтæ æнхъæлыс никуы дзы уыдтæн? — Фыццаг хатт дæ куы æркодтой, уæд дын хуыр- дуртæ** нæ аныхъуырын кодтой? * Хъеен — Ираны шах — ам «хъеенобайы» худæг персонаж. '** Махмæ бирæты уырны, зæгъгæ, дам, горæтмæ фыццаг хатг чи æрцæуа, уый, дам, хуырдур куы нæ аныхъуыра, уæд" ыл горæты< ницы зиан æрцæуы. 94
— Куыннæ? Æртæ дуры ахæмтæ аныхъуырдтон æмæ ма мын тыххæй батадысты. — Æмæ дын горæт нæ разиан кодта? Нæ, цы ма мын хъуамæ разиан кодтаид, æртæ ду- ры куы аныхъуырдтон? Куы нæ аныхъуырдтаин, уæд #ндæр хъуыддаг уыдаид. — Уый афтæ у. Стыр фенддаг уыдзæн! — Хорз куыд нæ у, дунейы адæм иууыл уым сты: тæтæйрæгтæ, хъызылбастæ, дзуттæгтæ, ирæттæ, соми- хæгтæ, уырыссæгтæ дзы сты æмæ сты, — мыдыбындзы- тау дзыгуыртæ кæнынц. — Раст у, зæгъгæ, дам, ам лæгæн йæ сæр ралыг кæ- нынц æмæ, дам, æй фæстæмæ райгас кæнынц? — Раст у, уæдæ? Æмæ уый цы диссаг у! Цыдæр, дам, æрымысыдысты æмæ, дам, фæйнæджытæ йæхæ- дæг фады. — Ныр та уый зæгъ. — Æз амæлон, æцæг зæгъын. — Куыд? Афтæ, йæхæдæг? — йæхæдæг. — Нæдæр лæг у, нæдæр удгоймаг? — Нæ. — Уæдæ йын хырхыл чи хæцы? — Хæйрæг æмæ хиигæнæг. Хуыцау зоны, ацы уыры- сыл цы сæртæ ис! — Ома уырыссæгтæ æрымысыдысты уый? — Нæ, уæд та дæ тиу Давид! — О, хуыцау, ды мын мацы кæн: цы цæстфæлдахæн митæ дзы кæнынц, уыдон дæр федтай? — Кæцы? — Уайгæ бæхы рагъыл, дам, лæууы лæг, уый уæлæ ноджы лæг, уый уæлæ дæр ноджы лæг æмæ ноджы æмæ ноджы кæрæдзи уæлæ. — Æмæ уый цы диссаг у? Æз не слæууыдаин уай- гæ бæхыл, æвзонг ма куы уыдтæн, уæд!.. — сыппæлы- Ди Луарсаб. — Уæдæ, уæдæ! Ды куы нæ слæууай тæхгæ бæхыл„ Уæд ма æндæр чи! — Хуыцау зоны, ныр мæ мæ тых дæр нал хæссы æмæ цырддзинад дæр, æндæра дын æй ацы тæккæ саха- тыл равдыстаин. — Ма ’ппæл, мæ дзæбæх, цы дæ, уый нæ зонын?! — Æппæлыны тыххæй зæгъын? Æз æй уый тыххæй 95
загътон æмæ уымæй цæстфæлдахæн ми нæй. Уымæй яоджы фылдæр ахæмтæ ис, æмæ... — Уæддæр? — Цæмæй зонын, цал ахæм ис. — Зæгъ æй, о, æз дæр æй зонын! — Бирæ сты. — Уæддæр? — Цæмæй зонын, цас цыдæртæ ис... — Чи сæ банымайдзæн? Бирæ сты, дзурыс ды дæр! Цы ’нтæф сси, цы! Уф! Цы ма загътаид, уый куы нæ уал зыдта не ’нæхин Луарсаб, уæд ныхас фендæр кодта. Систа йæ хъалмы- хъаг худ æмæ дзы йæ ных æмæ йæ цæсгомы хид ныс- сæрфта. Стæй йæ сурдымæн байдзаг кодта æмæ лулæ дымгæйæ йæ хуыр-хуыр афтæ ссыд, æмæ лæг фенхъæлд- •таид, цыма цалдæр боны хуыссæджы хъæстæ нæ фæци. X Фæндзæм бон æнцад-æнцойæ сæ хæдзармæ æрцыды- <сты нæ амондджын ус æмæ лæг, кæй зæгъын æй хъæ- уы, ахæм ныфсимæ, æмæ сын байзæддаг фæзындзæни. Фæлæ æртæ мæйы рацыд æмæ сывæллон гуыбыны нæ сызмæлыд, ацыд æхсæз мæй æмæ Дареджанæн йæ къа- ^ба не суынгæг. Ацыди фараст мæйы, фæлæ Дареджанæн йæ гуы- •бын рисгæ дæр нæма скодта. Дареджан уæддæр йæ ныфс нæ сæфта. Уый бæрц алгъуызон дуртæ, æндæр æмæ æндæргъуызон арфæтæгондæй фæбаста йæ къаба- йы счъилтыл æмæ йæ æцæг дæр хъуамæ ныфс уыдаид æмæ йæм бæгуы дæр уыдис. Кæд ныры онг нæ рай- гуырд, уæддæр, уымæн æмæ Луарсаб дзуары нывæн -фидис æмæ уайдзæф кодта — «дард у», — зæгъгæ. Æн- дæра ацы фидис æмæ уайдзæф куы нæ уыдаиккой, уæд афонмæ Дареджаны хъæбысы бадтаид сывæллон, Лу- арсаб йе ’взæр зæрдæйыл уыди, сывæллон сын нæ уыд æмæ сæ хуыцау фæсайдта: фæсидти сæм æмæ сын сы- вæллон нæ ратта, уый ницы у, фæлæ уымæн йæ мæт ууыл уыд æмæ йе ’фсымæр Давид афтæ загъта: «уы- цы дзæгъæлзад, дам, кæд ныкуыдз уыдзæн, цæмæй йын йæ мулкæн æнæмæтæй хицауиуæг кæнон». Уый мардта .Луарсабы, æндæра йын сывæллæттæ кæй нæ увд, уый стыр æнамонд хъуыддаг нæ уыд. 96
Иу хатт Луарсаб афтæ æнкъардæй хуыссыди æр- тыккаг тъахтийыл, æхсин Дареджан та фаллаг тъахти- йыл цъындатæ быдта. Тынг æвзæр зæрдæйыл уыдис. Æнæссыбырттæй йæ цæстытæ ныццавта цармæ æмæ хъуыды кодта, ууыл хъуыды кодта: цы сарæзтаид, цæ- Маей йын сывæллон уыдаид. — «Ома мæ сывæллок уы- мæн хъæуы, æцæг мын лæппу уа? — дзырдта йæхими- дæг, — нæ, ды цæрай! Давиды мæстæн мæ хъæуы, нæ мæ фæнды мæ бын уымæн баззайа. Фæнды мæ йæ фæ- хъыг кæнын, йæ фæнд ма сыххæст кæнын, æндæра ит- тæг дæр нæ мæт кæнын, сывæллон мын кæй нæй, ууыл. Цъус æнæзæнæгтæ ис! Æз дæр уыдонимæ уыдаин, фæ- лæ мæ нæ фæнды Давиды фæндон сыххæст уа, иæ мæ фæнды уый бахъæлдзæг кæнын!» Уый куы загъта йæхимидæг,, уæд раздæхт Дареджа- ны ’рдæм æнкъард хуызæй æмæ йын æрхæндæг хъæлæ- сæй загъта: — Ныр Давидæн хъуамæ батайой уыцы ныхæстæ! — хъуамæ йын нæ бын ныууадзæм æмæ йæ фæцин кæнын кæнæм!!. Дареджан! Дæ низтæ, кæд мæ уарзыс, уæд мын иу лæппу ныййар, Давиды фыдæнæн уæддæр ный- йар, кæд мæ уарзыс, уæд. Æндæр ницы, фæлæ!.. Æр- мæст мæ уыцы мæтæй фервæзын кæн, стæй, кæд дæ фæнды, маргæ дæр мæ акæн, дæ низтæ ахæрон. Дæ фæхъхъау фæуон! Кæд мæ уарзыс, уæд афтæ бакæн! — Ныййардзынæн, ды цæрай, ныййардзынæн, кæд афтæ у, уæд! — загъта æхсин ахæм хуызы æмæ афтæ фенхъæлдтаис, цыма æцæгдæр уый къухы ис сывæллон ныййарын. — Дысон фыны иу зæронд лæг, йæ зачъетæ урс-урсид гæххæтты хуызæнæй йæ къæхты онг æххæс- сыдысты, афтæмæй- æрбалæууыд мæ разы, иу хос мын бадардта æмæ мын загъта: сбирæ у, Якоб куыд сбирæ ис, афтæ! Æз уайтагъд йæ уæрджытыл атыхстæн, дæ бæсты дæр сыл атыхстæн. — Æцæг? — загъта ныфсджындæрæй Луарсаб, — дæ- хæдæг æй дæхи цæстæй федтай? — Мæнæ дæумæ куыд кæсын, афтæ. — Дæ низтæ ахæрон!.. Уæдæ мæ ныфс уа, мæхи Да- Реджан?! — Уæдæ цы! ^- О, мæ зынаргъ Дареджан! — баууæндыди йыл Лу- аРсаб æмæ ныххудти, — куыд дын загъта? — Сбирæ, дам, у, Якобау. И Чъавчъавадзе. 97
— Якоб чи уыдис? Дареджан нæ зыдта, Якоб чи уыд, уый. Кæмдæр, æнхъæл дæн, дзуары аргъуаны рæстæджы йæ кой фе- хъуыста, фæлæ чи уыд, цы уыд, ахæмтæн ницы зыдта. Фæлæ «нæ зонын» йæ сæрмæ нæ бахаста, уый бæсты исты мæнгдзинад æрбаймысын хуыздæрыл банымадта, ахæм уавæры алы гуырдзиаг куыд бакæны, афтæ. — Чи уыди? — афарста йæ Дареджан дæр, — ар*- гъуаны дæр æй никуы фехъуыстай?.. Абрамы сиахсы хо- йы байуаргæ лæппу уыдис. — Еныр-ма сбирæ, дам, у куыд Якоб, уый та, ома цы? — Цы, дам, цы, фæфылдæр, дам, у, — бамбарын ын кодта Дареджан. — О, де ’взаджы фæхъхъау фæуон! Уæдæ мæ ныфс уа? — Уæддæр! Афтæ ма кæн, афтæ! Æнæууæнк ма у, худинаг у. — Нал уыдзынæн, нал, лæппу мын ныййар, уый йет- тæмæ, кæд дæ фæнды, ме ’взагыл дæндагæй дæр фæ- хæцдзынæн, æрмæст Давиды фæнд ма æрцæуын кæн. — Хуыцау у хæрзгæнæг! — зæгъын дын, нæ йыл æр- цæудзæн ахæм циндзинад. — Ех, уæд та æцæгдæр куы ныййарис. — Уæддæр! Хивæнд ма у, хивæнд. Сыгъдæг адæйма- джы ныхасыл куыд не 'уУæнДаг Дæ> ЦЫ дыл æрцыд? — Æй, хуыцауы æлгъыст куыд фæци! Мæхимидæг мæ зæрдæйы хъуамæ загътаин — хуыцау æй зоны æмæ та ноджы срæдыдтæн. Ех, æммыст... — Уæддæр та! — Тфу, хуыцауы æлгъыст фæуæд! Чысыл ма бахъæ- уа, срæдион та!.. Ныр мæ æгæр кæй фæнды, уый тых- хæй, æндæра... Ех, азилон, бафынæй он, æндæра æз ме ’взаджы ахаст куыд зонын, афтæмæй та мын исты ра- лæхурын кæндзæнис æмæ мæм хуыцау фæхъыг уыдзæ- ни. — Телетау ма уа! Уый бæрц фæхъуыр-хъуыр код- тай, уый бæрц фæдзырдтай, дард у, зæгъгæ, æмæ нæм фæхъыг ис. Фæхъыг ис æмæ нын абоны онг дæр сы- вæллон нæй. — Æмæ йын стæй уайтагъд куы балæхстæ кодтон, ма мæм фæхъыг у, зæгъгæ. Цæуылнæ мын æй "ныб- барста! «Æгæр дард у» — зæгъгæ, мæ сирвæзт, æмæ 98
ныр № саразæм? Иу хатт, дам, сауджын дæр фæрæди- ИЬ'_Хорз, хорз! Цы уыд, уый уыди! Ныр æй уæддæр мауал фæхъыг кæн. — Уæдæ, фынæй кæнын! — Бар дæхи. — Луарсаб азылд йе ’ннæ фарсыл æмæ чысыл фæ- стæдæр иу дзæбæх хуыр-хуыр скодта йæхирдыгонау. Фæлтау куы нæ бафынæй уыдаид. Ахæм тæссаг фын федта, ахæм. Цыма Давид фырцинæй марди, Луарса- бæн сывæллон кæй нæ цæуы, ууыл. Цæуы алы ранмæ а?мæ иууыл уый дзуры. Уыцы дзæгъæлзад, дам, кæд ныкуыдз уыдзæн, æмæ, дам, йæ мулкæн кæд схицау уыдзынæн. Иæ зæрдæ риссы Луарсабæн, мæт кæны, йæ уд йæ хъуырмæ схæццæ. Цы кæна? — «Хуыцау! Цы дын ракодтон, арфæгонд фæуай, зæнæг мын цæуылнæ дæд- тыс? — фыны дзырдта Луарсаб хъыг зæрдæйæ. — Загъ- тай мын æмæ дын ацыдтæн Телетмæ кувынмæ. Дыууа- лæс абззийы аргъ дын фыс аргæвстон, дыууæ абазийы аргъ дын сыгъдæг мыдадзын цырагъ ссыгътон. Æндæр цы саразон? Дзуармæ цæуын æнæуый дæр никуы цух кодтон. Мæ комдарын никуы басастон, алы аз дæр сыгъдæг аргъуыдтон исын æмæ дзы кувын. Бафæрс ма нæ сауджыны, кæддæра искуы тæригъæды бацыдтæн, Давиды хай мæ хъуамæ скæнай?! Дунейыл уый цас тæригъæд митæ фæкодта. уыдон чи банымайдзæн, чи? Фарон Иване Натлисмцемелийы сæр лыггæнæн боны бахордта фыдызгъæл, кæрдзыны саст зæххыл куы фе- на, уæд æй нæ сисдзæн, нæ йæм фæцагайдзæн, фæлтау ыл къахæй ныллæудзæн æмæ йæ ныссæнддзæни. Хæры æнæаргъуыд сæнæфсир, æгæрыстæмæй нæма срæгъæд вæййы, афтæмæй дæр. Куадзæны боны сауджыны æр- Ныдмæ дæр нал фæлæууы, цæмæй йын йæ фынгыл сар- гъауа, фæлæ арсау райдайы фыдызгъæл хæрын, афтæ ^ЫД у. Дзуармæ лæггад кæнынмæ цæуы, фæлæ уый цы? Æртае бон æм цæттæ кæны, æрмæст æртæ боны. Уы- мæй цæй зиареба ис? Ды уыдон иууылдæр зоныс, ар- Ф^гонд хуыцау, — фæлæ уæддæр уый ’рдæм дæ! Арфæ- Го"Д фæуа дæ растдзинад! О, иу ма мæ ферох ис: иу ГаР ын ис æмæ йын хæринаг йæхи къусы хæрын кæ- *ы> чырыстийы диныл лæуд адæймаг у, афтæмæй. Æз хæмтæй куы ницы аразын, уæд мæм цæуыл мæсты кæ- 99
ныс? Зæрватыкк æй фæсайы*, дыгоппон æй фæсайы, гаккукк, байраг цыфæнды сис — алцы дæр æй сайы, алы фыдми дæр æм ис. Æз та, — хуыцау, дæхæдæг зоныс, — ницыгæнæг дæн, цæуыл мæм мæсты кæныс? Телетмæ ацæуыныл кæй дзырдтон, уый тыххæй? Æмæ дзы уай- тагъд хатыр куы ракуырдтон!..» Фыны афтæ тынг хъаст кодта Луарсаб хуыцаумæ, Стæй федта цыма хуыцау айста ацы хъаст æмæ йе ’ргом раздæхта Луарсабы ’рдæм, цыма ныр аст мæйы дæр рацыдис Дареджаны сывæрджыныл. Иу мæй ма, иу, æмæ Луарсабæн сывæллон уыдзæн æмæ Давидæн йæ цæстытæ рахаудзысты. Цин кæны фыны Луарсаб, йæ хъаст кæй акарста, ууыл, фыр цинæй йæ къæхтыл нал лæууыд. Давид æмæ йæ ус мæстæй тъæпп хауынц, Лу-- арсаб йæ сывæллоныл уыййас нæ цин кæны, Давид æмæ йæ Елисабед фырмæстæй кæй фæтонынц, ууыл цас цин кæны. Дыууæ къуырийы дæр дзы цыма ацыдис. Мæнæ ма дыууæ къуыри æмæ Дареджан схуысдзæни.— Цин кæны Луарсаб. Цин кæны, фæлæ! — мæнæ æна- монд хъуыддаг — Луарсаб тыхджын фæрыичын ис, аф- тæ тыхджын, æмæ цыма амардис. Фæлæ афтæ амард æмæ алцы дæр æмбары. Æмбары, цыма Дареджан хъæ- рæй кæуы, цъæхахст кæны æмæ хъæуы кæуæг сылгой- мæгтæ дæр сæ цæссыг згъалынц, фæлхатт кæнынц. Æм- бары, цыма, фалейæ кæмдæр, къуымы Давид æмæ Ели- сабед худынц, стæй фæгæпп кодтой æмæ скъæфынц сæ- хи хæдзармæ Луарсабы хæдзарон дзаумæттæ. Луарса- бæн йæ туг йæ хъæлæсмæ схæццæ, фæнды йæ сыста сæм, фæлæ мард кæй у, уый зоны æмæ уымæ гæсгæ не сты «сом, дам, ын райсдзынæн йæ бын», — хъæрæй дзу- ры Давид. Луарсаб мæстæй тоны ацы ныхæстæм, арха- йы, цæмæй зæгъа: — «ма сæ раттут, Дареджан сывæр- джын у æмæ йын сывæллон уыдзæни», фæлæ мард кæй у, уый зоны æмæ ницы дзуры. Тæссаг уавæры ис, мæ- гуыр, удæгас-мард Луарсаб. Цы хъуамæ сараза мард, цафон амардтæн, цæ?.. Раст мын хуыцау сывæллон куы * Махмæ ис ахæм дин æмæ афæдз фыццаг хатт сæн нуæзтджы- нæй куынæ фенай зæрватыччы, уæд дæ фæсайдзæн. Байраджы куы фенай, уæд хъуамæ дурыл слæууай, кæннод дæ фæцæсты кæн- дзæн. Дыгоппоны куы фенай, уæд хъуамæ дæ сæр фаст уа æмæ æнд. Ацы сайд, куыд мингай æндæр адæймæгтæм, афтæ Луарсаб- мæ дæр тæригъæд касти æмæ уый тыххæй афтæ нымыгъта хуы- цаумæ Давиды. 100
слæвар кодта, уæд, —дзуры Луарсаб йæхицæн фыны. ^х æрмæст еныр куы райгас уаин!..» фæлæ кæм, цæй райгас? Мæнæ йын марды чырын яæр æрбахастой, нывæрдтой йæ, æмæ йæ, чырыны æвæр- л^ей, цæттæйæ æрывæрдтой тъахтийыл. Æртыккаг бон сауджынтæ дæр æрцыдысты, схæцыдысты мардыл æмæ йæ аргъаугæ æмæ кæугæйæ ахастой. Ацы аргъауын æмæ кæуынимæ Луарсаб хъусы Давиды æмæ йæ усы хъæлдзæг зарын дæр. Æмбары уыдон иууылдæр, хаты кæй йыл саргъуыдтой æмæ йæ уæлмæрдмæ дæр кæй ахастой, хъуамæ зæгъа: «Ма мæ баныгæнут», фæлæ мард кæй у, уый зоны æмæ ницы дзуры. Мæнæ ингæны ауагътой мæгуыр Луарсабы. Хъусы, ингæны уæлхъус лæууы Давид æмæ дзуры диамбегæн: райсом мын хъуа- мæ йæ зæхх, йæ мулк радтат. Елисабед æм мæсты кæ- иы, цы дзурыс уый? Соммæ, дам, цæмæн æргъæвыс хъуыддаг? Абон дæ бон нæу иу лæджы бын райсын? — Луарсаб уыдон иууылдæр æмбары, мæсты улæфт кæ- ны, тухæн кæны, хъизæмар кæны, йæ сурхид калы, ри- зы иуæй фыртæсæй, иннæмæй та йæ бын Давидæн кæй зайы, уый мæтæй. — «Ех, уæд та еныр куы райгас уа- ин! — зæгъы йæхимидæг Луарсаб. Фæлæ цæй райгас, мæнæ йыл сыджыт дæр æркалд- той, нырма уал армыдзæгтæй кæлы сыджыт æмæ марды чырыны уæлæ гæр-гæр кæны, стæй йæм, фехъуысти, цыма йыл белтæй дæр райдыдтой сыджыт калын. Лу- арсабæн йæ тых басаст; йæ уд ссæуы, уæлдæф сфæ- лахс, иу минут ма, æмæ æххæст фæуыдзæн. Фæлæ йын æххуысгæнæг чи у? Æмбары, адæмы хъæлæба — цъус- гай-цъусгай нал сыхъуыст. Иууылдæр ацыдысты æмæ Луарсабы ныууагътой иунæгæй уым, ныгæдæй. Иæ зæр- Дæ суынгæг йæ уарзон Дареджан дæр йемæ ныгæд кæй Не ’рцыд, фæлæ йæ иннæтау куы ныууагъта æмæ куы афардæги, уæд Луарсабæн йæ зæрдæ фæцæйтыдта æмæ Райдыдта кæуын: «Ай æнхъæл уыдтæн æз уымæй!» — Д3Уры йæхинымæр: «Фæлæу, дæу дæр ардæм хъæуы, ам дын æй æрымысдзынæн». Ацы ныхæстæ куы кодта, У^Д æм йæ уæлмæрдæй æрыхъуысти перхулийы уынæр. ■^Уарсаб ныссабыр ис æмæ йæм хъусы. Æмбары, Да- **ИД æмæ Елисабед перхули райдыдтой æмæ нырма дæр Уьщæл ингæныл симынц. «Ныкуыдз дæ, уæдæ?» хъæр ^м кæнынц уырдыгмæ. Ныр йæ зæрдæ фæфидар ис; ^змаелыд диссаджы тыхæй, æрфæндыд æй афтæ ра- Ын, цæмæй йæ чырыны сæр дæр æмæ йæ уæлæйы сы- 101
Джыт дæр стыдтаид æмæ ингæнæй схызтаид. Уыдонæн ахæм ми хъуамæ бакодтаид æмæ худинаджы бын куыд фæуыдаиккой. Ацы тухæнтæ æмæ фыдæбæтты уæвгæ,- йæ, фæтæррæст кодта Луарсаб, цыма йæ ингæнæй сгæпп^ кæнын фæндыд, афтæ, фæлæ æцæгæй та — расхъиудта^ тъахтийæ æмæ агуыри астæрдыл йæ тъæпп фæцыди: Уæд йæ цæстытæ фæирд кодта, йæ сæрымагъз хъыс- хъыс кодта йæ фыны тæсæй, афтæ æмæ, æррайæ, фæ- сонт уæвгæйæ, агуыритæй астæрдыл дæргъæй-дæргъмæ хæлиудзыхæй баззад. Худæг уыди йæ бакаст. Иæ хуыз фесæфт, ныффæлурс и, йæ сурхид калди, афтæ æмæ иу дзæвгар рæстæджы йæ хъуыды йе ’муд нал æрцыд, æмæ канд стыныл нæ архайдта, фæлæ йæ бынаты змæл- гæ дæр нæ фæкодта. Афтæ фæтарст æмæ мæлæтдзаг хуыз абадти йæ хидæйдзаг цæсгомыл. Уый тъахтийæ куы рахауд æмæ астæрдыл куы сымбæлд, уæд хæдзар, кæй зæгъын æй хъæуы, нызмæлыд. Дареджан фынæй кодта фаллаг тъахтийыл æмæ хæдзары ’нкъуыстмæ уый дæр фехъал ис. Уый нæма зыдта Луарсабыл цы ’рцыди æмæ йæ афарста:—Луарсаб! Бамбæрстай? Зæххы æн- къуыст уыди. Луарсабæн ма йæ зæрдæ йæ фыны хъуыд- дæгтимæ архайдта æмæ Дареджанæн ницы дзуапп рат- та. Дареджан рабадт æмæ æрмæст уæд ауыдта, Луар- саб фæлурсæй агуыритыл æнæзмæлгæ куыд ныффæл- дæхт æмæ æррайау йæ цæстытæ куыд ныдздзагъыр код- та, уый. Дареджан йæ хуыз аивта. — О, мæгуыр йæ бон фæуа дæ Дареджанæн! Уый дыл цы æрцыди, дæ нывонд фæуа мæ удæгас сæр, мæ зынаргъ! Луарсаб Дареджанæн йæ ацы ныхас дæр нæ бам- бæрста. Фын ын йæ сæр афтæ разилын кодта æмæ йæ тасæй ыæма фервæзтис, афтæ æнхъæлдта ацы хабар дæр ма фыны уыдта. Уый тыххæй нырма ницы дæр æм- баргæ кодта, ницы дæр уынгæ, кæд йæ цæстытæ ирд уыдысты, уæддæр. Раст у, нырма дæр æй фын æнхъæлд- та, æрмæст уый æрхъуыды кодта, зæгъгæ, куы мæ ба- ныгæдтой, æмæ, дам, ныр мæнæ, æнхъæл дæн, мæхи хæдзары куы дæн, уæд, дам, уый куыд уыдаид?» Ацы фарст ын схæццæ кодта йæ хъуыдытæ. Уый тыххæй дзуаппы бæсты йæ тарст хуыз цæстытæ æрра- йау иыйирд кодта Дареджанмæ, цыма йæ уыны, фæлæ йæ нæ уырны йæ разы Дареджан лæууы, уый. Даре- джан дисы фæци, æрра сси, зæгъгæ. 102
— Цы дыл æрцыди, дæ низтæ, цы? Исты сдзур, мæ зьшаргъ, æндæра мын мæ уд ауайын кодтай. Фэелæу!.. — йæ къух атылдта Луарсаб, ома аиуыр- дæм у, — æрхъуыды уал кæнон! Загъта æмæ та ныссабыри, уæддæр нæ сыстади æмæ та ирд цæстытæ æмæ хæлиудзыхæй райдыдта хъуыды кæнын, цæмæй æрымыса, цы йыл æрцыд, уый. Цы йыл æрцыд, уый æрымысыныл архайгæйæ, йæ фыны хъуыд- даг сындæггай йæ зæрдыл лæууын райдыдта æмæ ууыл хъуыды кодта. — Дæ нывонд фæуон, — балæхстæ йын кодта Даре- джан, — тагъддæр мын зæгъ, цы кодтай, уый, кæннод фыртæсæй æрбамæлдзынæн. Луарсаб æм йæ хъус не ’рдардта йæ фыныл хъуы- дыты ацæугæйæ, йæхигъæдæй хъæрæй дзурын райдыд- та: — Æз амардтæн. Дареджан мыл фыццаг куыдта, фæлæ мæ стæй куы баныгæдтой æмæ иууылдæр куы ацыдысты, уæд мыл Дареджан дæр хинæй разылд. Уый .æнхъæл уыдтæн уымæй? Иæ къух мыл систа, йæхи ме- мæ нæ баныгæнын кодта!.. Æз та афтæ æнхъæлдтон, уарзта мæ! Фæлæууæд мын!.. Уыцы куыдз, Давид!.. Уыцы куыдз, æмæ чындз!.. Симгæ кодтой, фæлæууæнт .мын!.. Æй, мард куы нæ уыдаин, уæд æз фенын кодта- ин уыдонæн!.. Фæлæ, цы хъуамæ кодтаин, мард уыд- тæн!.. Бирæ цыдæртæ ма фæдыгъал-дыгъул кодта нæ Лу- арсаб, Дареджан та йæм фæлурсæй хъуыста, фæлæ уæд- дæр не ’мбæрста, цы дзырдта, уый. — Дæ нывонд фæуон, Луарсаб! Загъта йын ризгæ- иæ Дареджан, — фыны фæдæ, æви æцæг дæ? Зæгъ мын æй, æндæра, дæумæ хъусгæйæ, фыртæсæй мæ уд схауы. — Уый еныр? Уæдæ мыл сыджыт куы ныккалдтай æмæ мæ сау мæры бын иунæгæй куы нынныгæдтай, Уæд цæуылнæ хауди дæ уд? — Цы дзурыс, дæ низтæ, цы? Бамбарын ма мын æй кæн! — Цы дын хъуамæ бамбарын кæнон? Айдагъ кæуы- нæй цы рауад, хъуамæ мемæ рацыдаис. Худинаг дын нæу, куыд ма мæм кæсыс? — О, мæ цæстытæ куыд рахаудтой! — фæхъæр код- та Дареджан. Уый нæ базыдта Луарсаб нырма фыни- ^æ архайы, фæлæ афтæ фенхъæлдта хæйрæг ын фыны 103
йæ сæр ныццавта æмæ йæ зондæй фæиртæсти, уайтагъд рауад балкъоны гæрæнмæ, цæмæй лæппутæм ахъæр кодтаид. — Баххуыс мын кæнут? О, мæгуыр дæ бон фæуа, куыдзы æмгад Дареджан, ахæм бон дæр кæуыл æр~ кодта! Хъæр кодта æмæ йæ сæр йæ тых, йæ бонæй хоста æхсин. Луарсаб ацы хъæрмæ бынтондæр æрчъицыдта. Фестади агуыритæй æмæ куыд уыд, афтæ æрдæг бæгъ- нæгæй ахæм гæпп ракодта, æмæ афтæ фенхъæлдтаис, цыма æцæгдæр цыдæр æрцыдис Дареджаныл. Даре- джан куы ауыдта Луарсабы, уæд афтæ фенхъæлдта мæнмæ ралæбурдта æмæ удаистæй алыгъдис асинмæ.. Асиныл фыр тæссæй йæ къах фæбырыд, асхъиудта æмæ- суанг йæ дæллаг кæронмæ къуыбылæйттæгæнгæ ныттыл- ди. Ацы хъæр æмæ удхармæ æрбамбырд сты лæппутæ. — Æрцахсут, бабæттут æй, — йæ фæрстæ ныммур’ сты, афтæмæй хъæр кодта Дареджан, — æрцахсут æй, æндæра нæ бахæрдзæни, мæгуыр дæ бон фæуа, мæ куы~ дзы сæр! Уыцы бон дæр æрыййæфтай æмæ дæ лæг сыр- ра! — хъæр кодта мæгуыр ус æмæ йæ сæр хоста йæ- тых, йæ бонæй, цыма уый аххос уыди, Луарсаб кæй. сырра ис, уый. Луарсаб ацы хъуыддаг куы федта, уæд дисы ба- хауд, фергъуыйау ис. Ныр та уый афтæ фенхъæлдта йæ ус сырра ис æмæ кæуын райдыдта, мæгуыр, æнкъа- раг зæрдæ йын уыди. — Цы дæ хъæр кæнын кæны, ацы адæймаг, — хъыг зæрдæ æмæ кæуын хъæлæсæй загъта Дареджанæн, бын- тондæр йе ’мудæрцæуæг æмæ æрсабыр уæвæг Луар- саб, — чи сырра ис, дæ нывонд фæуон? Æз мæхи зондыл куы дæн! — Дареджан æм бакасти, федта, Луарсаб та уыцы Луарсаб фестади: нæдæр æрра, нæдæр — зонд- джын, нæдæр иу æмæ нæдæр иннæ. Фæлæ ма уæд~ дæр дызæрдыг кодта: æрра дæр, дам, хаттæй-хатт фæ- зондджын вæййы, — ахъуыды кодта йæхимидæг. — Уæдæ ма мæм комкоммæ æрбакæс, — сдзырдта йæм бынæй Дареджан æмæ йæм йæ цæстытæ ныццавта: — Æрдæбон цы дзырдтай? — Кæд, дæ низтæ? — Уæртæ агуыритыл куы хуыссыдтæ, уæд. — Фын федтон æмæ ууыл хъуыды кодтон. — Уæдæ агуыритыл цæмæн уыдтæ фæлдæхт. — Æвзæр фын федтон: цыма мæ ныгæдтой æмæ’ 104
хъуамæ ингæнæй сгæпп кодтаин æмæ æз та тъахтийæ- рахаудтæн. — Æцæг зæгъыс, дæ нывонд фæуон, — ныццин код- та Дареджан, — о, мæ худинаггаг сæр! Æз та адæмыл ныхъхъæр кодтон, мæ лæг сырра ис, зæгъгæ. Дареджан схызти уæлæмæ, Луарсабмæ æмæ уай~ тагъд ныххудти. Луарсаб дæр æм йæ дæндæгтæ фæ- зыхъыр кодта. — Æцæг мæ æрра æнхъæлдтай, дæ уды фæхъау фæ- он? — бафарста йæ Луарсаб. — Æцæг дæ фенхъæлдтон, дæ нывонд æрбауа мæ сæр. — О, хуыцау мæ ралгъита, æз та дæу фенхъæлдтон: æрра. Табу хуыцауæн. Нæ дыууæ дæр дзæбæх стæм. Асиныл куы атылдтæ, ницы дæ фæрыст? — Ницы мын у? Иугæр дæу де, ’мудæй уынын, уæд. мæ ’ппæт дæр ферох. — Æз дæр афтæ дæн. — О, дæ низтæ ахæрон? — æцæг куы сырра уыдаис, уæд куыд кодтаин? — загъта Дареджан æмæ йе ’муд кæй уыд, ууыл цингæнгæйæ, ныпъатæ кодта Луарсабьг уадулæн. Луарсабæн æхсызгон уыд æмæ дзы цæмæй йæ рæв- дыдæй ма фæхæсджын уыдаид, уый тыххæй йын йæхæ- дæг дæр ныпъа кодта æмæ йын адджын хъæлæс æмæ- худгæйæ «ыи», зæгъгæ, загъта. Афтæ æрцыди ацы ха- бар. XI Луарсаб ацы фын куыддæриддæр уыд, афтæ ра- Дзырдта кæрæй-кæронмæ. Дареджан афтæ райхæлдта- ацы фын, зæгъгæ, дам, мын раст фараст мæйы фæстæ- сывæллон райгуырдзæн. — Зæгъ-ма, куыд? — бафарста йæ Луарсаб? — Фыны нæ куыдтай? — бафарста йæ Дареджан Дæр. — Куыдтон. — Æз дæр куыдтон? — Ды дæр куыдтай. — Кæуын цины нысан у. Æз æмæ дæуæн æндæр цин- Дзинад цы хъуамæ уа сывæллоны райгуырдæй дард- Дæр? Уæдæ нын райгуырдзæн сывæллон æмæ нæ цин: Дæр æрцæудзæн. 105.
— Æцæг кæуын циндзинады нысан у. Æнæмæнг ныл афтæ æрцæудзæни. О, йæ уды нывонд фæуон уыцы фы- нæн! Иæ цæстытæ ма рахауой Давидæн! Кафгæ уæд яыккæндзæни, йе, хуыцау дæхæдæг зоныс ныр. Уыцы рæстæджы Ламзисеули фегом кодта дуар æмæ дингæнгæйæ фæмидæг хæдзары. — Æхсин, æхсин! — фæхъæр кодта чызг! — Чамчиа- швилийæн куыдз цы лæппуйыл фæхæцыди, уымæ иу юылгоймаг дохтыр æрбакодтой. Ацы ус, дам, дæсны ’фæрсын дæр зоны. Фæнды уæ бафæрсын ын кæнат? Лæ- тæн, дам, йæ зæрдæйы цы ис æмæ йæ амонд цы у, уы- дон, дам, иууыл дæр уайтагъд базоны. — Дæ дзыхы сæкæр, дæ дзыхы, мæхи Ламзисеули,— загъта йын Дареджан хъæлдзæгæй. — Ацу æмæ йæ ныр- тæккæ ардæм æрбакæн, æхца, зæгъ, дын ратдзынæн. Чызг фездæхти æмæ алыгъд. — Дæ низтæ, Дареджан, дæ низтæ! Мæ фын æх- хæст кæны! — фæхъæр кодта фырцинæй хыр-хыргæнгæ Луарсаб. — О, о! — æндæр ма дæ цы хъæуы: — хуыцау дын йæхæдæг дæсныйы дæ дуармæ балæууын кодта. Уый цы нысан кæны. — Уæдæ дын куыд дзырдтон æмæ мыл куынæ æу- уæндыдтæ, уæд дын уæдæ цы ныфсæй дзырдтон,_ сы- вæллон мын уыдзæни, зæгъын? Мæнæн мæ зæрдæ ра- тæй дзуры. — Мæнæн дæр мæ зæрдæ рагæй цыдæр дзырдта, жвæццæгæн уыдис ацы хабар. Еныр рахаудзæни, йе, йæ цæст Давидæн! — Цавæр маст сæ бацыд уый бæрц, мæ рынчыны мын ныууадзын кодтой æмæ мæм афтæ тагъдыл си- дынц? — фæндагыл цæугæ-цæуын Ламазисеулийы фар- >ста гуыбыр, æнцъылдцæсгом зæронд ус. — Мæ а?! — дæхæдæг зоныс, æнæзæнæг сты... — Зæнæг сын кæй нæй, уый æнæдæу дæр зонын, — йæ ныхас аскъуыдта фæлтæрд хинæйдзаг æмæ арæхст- .джын дæсныфæрсæг. Æдылы Ламзисеули дисы бахауд: кæцæй йæ зоны, зæгъгæ. — Уæдæ горæты куы бафарстой дæсны æмæ сын аф- тæ куы загъта Телетæн, дам, скувут, уый дæр зондзы- нæ? — загъта чызг æмæ йæм нымдзаст, дис кæнгæйæ, фенæм, кæддæра цы зæгъид, зæгъгæ: — Мæ дзæбæх чызг, уæдæ махæн нæ зонынад æн- 106
дæр цы у? Кæрдзын уымæй хæрын æмæ йæ куыд нæ хъуамæ зонон? — загъта йын дæсныфæрсæг ахæм æн- цад-æнцой æмæ афтæ фидарæй, цыма йæ æцæг зыдта. — Телеты куы уыдыстæм, уый дæр зоныс? — Уый дын куы зæгъын, мæ чызг, — нæ куыст уый у, зæгъгæ. Уымæн цæрæм æмæ сæ уæдæ нæ зонæм? Дæсныфæрсæг йæхимидæг тынг сцин кодта, ахæм æдылы чызгыл кæй фембæлд æмæ йын иуæй-иу æнæ- мæнгхъæуæг хабæрттæ фæндагыл цæугæ-цæуын кæй ра- дзурын кодта, уый тыххæй. Чызг та æппынæдзух дис кодта ацы зæронд усы зонындзинадыл. Æдылы та хъуы- ды дæр не ’ркодта, йæхæдæг ын алцы дæр кæй базо- нын кодта, — æнæуый мур дæр ницы базыдтаид. Чызг дæсныфæрсæджы æрбакодта скъæты цурты. Дæсны йæ цæст ахаста скъæты алыварс æмæ иу цахæм- дæр уæрмгонд банысан кодта. «Ай хорз у», —загъта йæхимидæг. Тыхæй ма лæууыдысты ус æмæ лæг дæсныйы æр- цыдмæ. Уалынмæ дæсны дæр æрбацыди. Куыддæрид- дæр йæ къах æрбавæрдта æмæ йæ сæр æрбадардта хæ- дзары къæсæрæй, афтæ сын арæхстджынæй ахъуыды- гонд ныхæстæ бакалдта: «Цæргæсы бафарстой: — сывæллæттæ дын ма уа, уый дæм хуыздæр кæсы æви дыууæ мæйы æнæ донæй цæрын? Æнæ донæй цæрын. Хæргæфсы бафарстой: дæ- уæн та цы хуыздæр у? — æнæсывæллон, дам. Сымах куы ничи бафарста, уæд уын сывæллон цæмæннæ ис? Ахæм æлгъыст уæ чи ракодта? Ус æмæ лæг кæрæдзимæ бакастысты дисгæнгæйæ: афтæ тагъд, дам, æй кæцæй базыдта! Луарсаб, цы зæгъынмæ хъавыд, ууыл цалын- мæ хъуыды кодта, уæдмæ йæ дзых хæлиуæй баззад, куы сæ бамбæрста, уæд цыма фæтарсти, уыйау йæхи- уыл дзуар афтыдта æмæ арв нæрыиы рæстæджы куыд фæзæгъæм, ахæм хуызы загъта: — Табу хуыцауæн. Ай цы хъусын, уæ нывонд фæ- уон!.. Усай! Нæ зæрдæты бадтæ? Дæсныфæрсæг æм сыбыртт дæр не скодта. Цыма ахæм æппæлдтытæм уый хъусгæ дæр нæ кæны. Цахæм- Лæр мæтгæнæгау баздæхт чызгмæ æмæ йын загъта: — Рахæсс мын иу къусы сыгъдæг дон, сау фистон- джын кард, æвзалы æмæ ног мæнæуы нæмгуытæ. Цалынмæ чызг уыдон хаста, уæдмæ Луарсаб æмæ Дареджан сабыр уыдысты. Афтæ æнхъæлдтой, адон иу- уылдæр хæйрæджытæ фæцамыдтой, æндæра ахæм зонд- 107
джын кæцæй уыдзæн. Хæйрæджы кой скæнгæйæ, чы- сыл ма бахъæуа се ’взæгтæ аныхъуырой фыртæсæй. Чызг æрхаста алцы дæр. Зæронд ус æрбадти астæр- дыл. Доны ныппæрста мæнæуы нæмгуытæй иу. Систа йæ къухмæ кард æмæ ’взалы, райдыдта йæ былтæ ти- лын, ома дæсны фæрсын. Стæй ныккасти донмæ. А-ус æмæ лæг та тæрсгæ-ризгæйæ æнхъæлмæ кастысты, нæ амонд цы уыдзæни, зæгъгæ. — Горæты бафарстат дæсны, — райдыдта уыцы хиг- нæйдзаг ус, — дæсныфæрсæг уын хорз бафарста. Раст уын загъта, Телетæн скувут, зæгъгæ. Ныр æцæгдæр сæ уд ауад усæн дæр æмæ лæгæн дæр. Кæрæдзимæ кæсын райдыдтой, нырма сæ цæрæн^ бонты ахæм зондджын адæймагыл никуы фембæлды- сты. Зæронд ус та, цыма уыдон уынгæ дæр нæ кæны æмæ хъусгæ дæр, уыйау, йæ тых, йæ бонæй тилы йæ былтæ æмæ мæнæуы нæмгуытæ иугай-дыгай æппары къусы мидæг донмæ. Хорз бакодтат, хорз бакодтат, дæснымæ кæй бай- хъуыстат æмæ Телетмæ кувынмæ кæй ацыдыстут, уы- мæй, — райдыдта та дæсныфæрсæг, — баххуыс уын кæ- нæд Телеты фарн, фæлæ... Ам зæронд ус йæ ныхас фæурæдта æмæ донмæ тынг- дæр нымдзаст, цыма уым хъуамæ федтаид, цы зæгъи- наг уыдис, уый. — Фæлæ цы? — æмхъæлæсæй йæ афарстой ус æмæ лæг. — Фæлæ уый æмæ уыцы дæсныйæн йæ зонынад ал- цæмæй æххæст нæ уыди — чысыл цух у, æндæра уын Телет куыннæ баххуыс кодтаид, дзæбæх уæ куы ба- зыдтаид, уæд. ^ — Ды та мын, Дареджан, раздæр иууыл афтæ дзырд- тай, дæ аххос, дам, у! Куыд зыны, афтæмæй мæ аххос нæу, — загъта Луарсаб йæ усæн, фæлæ уæддæр йæ дзæ- гъæл цæст дæсныйæ нæ фæхицæн кодта. — Фæлæуу, ай цы рæстæг у, мæнæн ам фыртæсæн мæ зæрдæ сынкъуыст. Цы разынди ацы ус, дæ нывонд фæуон... — дзырдта æцæг фæтарстгонд Дареджан. — Раст у, дæсныйы аххос у, — райдыдта та къулба- дæг ус, — уый аххос у. Уымæн дзæбæх зонынад куы уы- даиД, уæд афонмæ уæ сывæллон уæ хъæбысы бадид. 0, бадид афтæ æмæ... Ам та йæ ныхас фæурæдта ацы хинæйдзаг сылгой- 108
маг æмæ та тынгдæр нымдзаст къусы донмæ. Луарсаб язмæ Дареджан хъусынмæ фесты. — Раст у, Телет уын баххуыс кодтаид, — ноджы дæр уын баххуыс кæнæд йæ фарн. Телет уын баххуыс код- таид, адаргъ кодта йæ ныхас дæсныфæрсæг, йæ цæсты- тыл не схæцгæйæ, — уæ хæдзары хингæнæг куынæ уы- даид, уæд. Луарсаб æмæ Дареджанæн фыр тæсæй сæ удтæ сцæй- ^аудтой, афтæмæй иумæ ризгæйæ, æмхъæлæсæй загъ- той: — Р1е бецау рагацау тагъд бынсæфт хæдзар!.. — Ма тæрсут: ныр уыцы хингæнæгæй тас нал у, уый мæ къухы ис. — Цæй ма, фенын мын æй кæн, кæд дæ къухты ис, уæд, — загъта Луарсаб, фæлæ иугæр йæхæдæг дæр тар- сти уый фенынæй, уæд Дареджанæн загъта: — æз æм нæ бакæсдзынæн, мæ цæстытæ ныцъцъынд кæндзынæн æмæ-иу æй ды басгар. — О, нæ, мæ зынаргъ, ды йæ дæхæдæг фен, æз ба- цъынд кæндзынæн мæ цæстытæ, — загъта йын йæ ус, фыртæсæй йæ хуыз аивгæйæ. — Ма тæрсут, — ныфс сын авæрдта дæсны, — афтæ фенхъæлдтат, æцæг мæ къухы ис хингæнæг, уый уæ -кæрты ис. — Кæм ис, мæ зынаргъ, кæм? Цырд ут, лæппутæ, •фæкæсут мæм! — ныхъхъæр кодта æлдар. — Скъæты фæстæ цы уæрм ис, хингæнæг ис уым, — сабырæй бафтыдта дæсныфæрсæг. — Лæппутæ! Цæйут, лæппутæ! Цæй, уæ низтæ ахæ- рон, лæппутæ! Кæд уæ уе \лдары хорзæх хъæуы, лæп- путæ! Кæд уæ цухъхъатæ хъæуы, уæд, дам, уæртæ скъæ- ты фæстæ ис уæрм, фæтагъд кæнут, лæппутæ, уæ низ- тæ, лæппутæ! Хъæр кодта хæдзары къуымты ныфсхаст Луарсаб. Ардыгæн та Дареджан ризын райдыдта æмæ йæ былтæ ныцъцъæх кодта, фæлæ ма цырддæр йæ лæгæн загъта: — Ам куы хъæр кæныс, уæд дын дзы чи пы бамбар- дзæнис? Æддæмæ ацу æмæ лæппуты арвит. — Нæ, мæ зынаргъ, еныр уал ды ацу, æмæ дæ стæй кæд фæнды — æз дын цыппор хатты дæр ацæудзынæн. — Ацу, цæмæй тæрсыс, хингæнæг дæ ауындзгæ æр- кæндзæн, — дзырдта йын æхсин, фæлæ йæхæдæг дæр тарст. 109
— Нæ, мæ зынаргъ, ды ацу. Цы дын у? Кæд дын хуыцау ис, уæд ацу, кæд мæ уарзыс, уæд ацу. — Худинаг дын нæу, сылгоймаджы æрвитыс, фæлæ дæхæдæг нæ цæуыс, афтæмæй дыл худ уæд æмæ дæ лæг хоной? — Цафон лæгдзинад у? Цы дзурыс? Хæдзары, дам, хингæнæг ис. — Æз фæдзурдзынæн лæппутæм, — загъта дæсны, ууыл цы стыхстыстут! — О, мæ зынаргъ. Ды сæм фæдзур, махмæ кæсыс, стыхстыстæм, — балæхстæ йын кодта Луарсаб. — Еныр хæдзаоы мах иунæгæй куы баззайæм, уæд нын исты уы- дзæни? — Мур дæр ницы. — Дæсны ацыди. Лæппуты арвыста хингæнæджы си- сынмæ. Лæппутæ бирæ фæзылдысты скъæты алыварс, фæлæ дзы уæрм не ссардтой. Æрцыдысты æмæ се ’лда- рæн загътой: уым уæрм цы агуры, зæгъгæ. — Æй уынгæджы куыд фестæм! — загъта Луарсаб, — кæс ма, хингæнæг адон дæр акуырм кодта, цы ма нын баххуыс кæндзæн? Дæсны фæхудти. — Мæхæдæг æм ацæудзынæн æз. Мæн хингæнæг нæ акуырм кæнчзæни,— загъта дæсны,— сымах дæр ра- цыт, цæмæй йæ уæхи цæстытæй фенат. — Нæ, мæ зынаргъ, мах дыл æнæуый дæр баууæнд- дзыстæм, — загъта Луарсаб, — уырдæм ацæуынæй кæй тарсти, уымæ гæсгæ. — Æнæ мах ацу дæхæдæг æмæ йæ фен, ома йæ мах федтам. — Зæронд ус ацыди. йемæ лæппуты экодта æмæ чы- сыл фæстæдæр иыдæр бызгъуыртæ схаста. — Ардæм сæ ма æрбахæсс! — хъæр кодта Луарсаб æмæ йæхæдæг фыртæсæй къуымы амбæхсти, — ардæм сæ ма ’рбахæсс, уым сæ басудзын кæн, уым! Хингæнæджы басыгътой. XII Дыккаг бон зноны лæппутæм фæдзырдта Луарсаб æмæ ахæм ныхас райдыдтой: — Æцæг дзы уæрм уыдис? — Дæ аодыстæн, æцæг дзы федтам, — загътой йыгс лæппутæ. Уыдон уайтагъд басæттынц ахæм хъуыдда- гыл. 110
— Нæ, уæхи цæстытæй йæ федтат? — Нæхи цæстытæй, æлдар, мæнæ ныртæккæ дæумæ* куыд кæсæм, афтæ. — Хуыцау, ды мын мацы кæн! Ай бæрц лæг ам ба- зæронд дæн æмæ æз нырма уым уæрм никуы федтон!... Искуы ма ахæм æрцыд? Куыд æй базыдта? Стыр зо- нынад æм хъуамæ уа... — Уымæн йæ куыст уый у, дæ иизтæ, æмæ йæ уы- мæй базыдта, — загътой лæппутæ. — Æвæццæгæн афтæ у, æндæра... Хуыцау ралгъи- тæд! Сымахæй исчи уым федта уæрм, кæнæ йæ искуьг фехъуыстат? — Цы нæ уыди, уый куыд хъуамæ федтаиккой, — загъта сæ цуры лæууæг сæрыстыр лæппу, йæ хъамайьр сæрыл хæцгæйæ, — деттæ кæмдæр чызджытæ, йе лæп- путæй чидæртæ хъазыд æмæ фæдзыхъхъ ис, уыцы хи- нæйдзаг та йæ уæрм схуыдта. Уый цы диссаг у? Уый йæ афтæ загъта, кæй зæгъын æй хъæуы, Луар- саб æй куыд нæ фехъуыстаид. — Ды цы мæт кæныс, ме ’фсымæры хай, — сабыргай йæм бадзырдта иу ацæргæ фæлтæрд зæхкусæг лæг, кæ- сыс, æлдарæн æхсызгон у, уым уæрм кæй ис, уый. Уада æмæ ’нхъæл уа, уæрм дзы ис, зæгъгæ. Ды цы сафыс? — Дæ хъыджы нæ цæуын, — загъта æлдарæн иу хæй- рæг цагъайраг, — æз уым уæрм абоны онг никуы дæр^ фехъуыстон æмæ иикуы дæр федтон. Æз гуыргæ дæр* ам ракодтон, зæронд дæр ам бадæн, мæ мæлæт дæр ам. æрцæуы, фæлæ, дæ низтæ, дæхицæн зындгонд куыд у^. афтæмæй уый у хингæнæджы хъуыддаг. — Ома уый хингæнæг уыди. — Уæдæ хингæнæг æхсæвы, лулугæнæны (чъиакъо- къонобайы), дæ низтæ, бабадынц уыдон цъылыныл, хуыцау сæ ралгъита, æмæ атæхынц сæ хисдæрмæ. Аф- тæ дзурынц, уæртæ, дам, Читъурашвилийы мад дæр, мæ зæрдийæ, тохонайы фæздæгдзæуæны сбыры, раст бæхыл куыд абадай, афтæ сбады йæ цъылыныл æмæ, ери-а, лæппу — тæхы йæхицæн. — Уый æз дæр фехъуыстон. Цас диссæгтæ ис зæх- хыл? Хуыцау, ды мын мацы кæн!.. — йæхиуыл дзуар* бафтыдта Луарсаб, уæдæ Читъурашвилийы мад дæр Дæсны фæрсын зоны? — Æмæ сегас нæ зонынц, нæ, дæ низтæ! Цы хисдæр сь*н ис, лулугæнæны сæ лæвæрттимæ кæмæ ацæуынцг Уьтй сын, мæ зæрдийæ, зæгъы: «Дæуæн лæвар кæнын 111
дæсны фæрсын зонын, дыккагæн зæгъы: — дæуæн та хос аразын, афтæ сты. — Афтæ уыдзæн, æндæра йæ цæмæй базыдтаид, ам уæрм ис, уый? Æвæццæгæн стыр зондджын у уыцы хисдæр! — Зæгъынц, зондджын Соломонæй, дам, ноджы зонд- .джындæр у. — Нæ йыл зыны æви цы! Табу дæуæн, мæ хуыцауы .хай! — йæхиуыл дзуар бафтыдта æмæ бацыди хæдзар- мæ Дареджанмæ. — Фехъуыстай, усай, цы хабæрттæ æрцæуын кодта ^ацы ницæйаг, æнæдæндаг зæронд ус? — загъта йæ усæн. — Сæ хисдæр чи у, уымæн ай хъуамæ йæ фыццаг .æмкусæг уа. О, хуыцау æй ралгъита! Ай цы федтон, уæ хорзæхæй! — Хорз, кæд ма дын хуыцау ис, уæд мын æй мæ зæрдыл мауал æрлæууын кæн. Уæдæй нырмæ фыртæ- сæй ме ’уæнгтæ ризгæ кæнынц. — Федтай, зондджындзинад цы нысан кæны, уый? .Айбæрц -адæм мæ хæдзары схъомыл сты, базæронд сты æмæ дзы абоны онг иу дæр нæ зыдта, уым уæрм кæй ис, уый. Цы сарæзта, уæ нывонд фæуон! — Хуыцау, ныббар мын æй, фæлæ кæд мыййаг хæй- рæг уыди йæ хуылфы, æндæр цы зонын? Хæйрæджы кой куы скодта, уæд ус æмæ лæг сæхи- уыл дзуæрттæ афтыдтой æмæ йын æртæ хатты атутæ кодтой йæ фæдыл. — Еныр, йе... Цы зонын? Ныр дæр ма нын сывæл- .лон куы нæ уа, уæд уый нысан кæны, хуыцау нæм иу- уыл карзæй смæсты ис, — загъта Луарсаб. — Цæй диссаг дæ! Ууыл ма ныр цы дзурын хъæуы. Афтæ мæ уырны ныр, цыма мæ сывæллон мæ хъæбысы бады. Цытæ нæ базыдта!.. Ацу æмæ йыл ма баууæнд... — Уæдæ! Æз дæр уымæн дзурын, йе!.. Дæсны фæр- сын куы нæ рауагътаид хуыцау, — йæ фæхъхъау фæ- уон, — уæд нын цы баххуыс уыдаид? Хингæнæджы нын *чи ссардтаид. Дыууæ дæр-иу ныссабыр сты æмæ та-иу дыууæ дæр дисгæнгæйæ, сæ хъуыдыты фæлхатт кодтой зноны æм- биеонды хабар. Фæстагмæ та Луарсаб уæддæр райдыд- та: — Дареджан, донмæ касти мыййаг? Ды цы зæгъ- дзынæ? — Чи зоны, ды цæрай, æцæг доны каст. 112
— Цы кæнон, æз афтæ æнхъæл дæн! — Хуыцау зоны, чизоны æцæгдæр афтæ уа. — Цы зонын? Мæнæн æм цыдæр мæ зæрдæ ’хсайы æмæ!.. — Дæуыстæн, афтæ хъуамæ уа. — Цы зонын, мæ хъуыды афтæ акарста æмæ!.. — Мæ зæрдæ дæр афтæ æхсайы, Луарсабыстæн!.. — Уыцы мæнæуы нæмгуытæ-иу куы ныппæрста до- ны, уæд-иу уыдонæй цыдæр тымбылæгтæ куы айрæзти, кæд уый уыди миййаг? — Æцæг, æцæг! Растдæр уый уыдаид. — Цы «уый»? — Ды кæй загътай, уыцы «уый». — Нæ’дын загътон, — загъта Луарсаб, ома йæ уый базыдта,; ууыл сæрыстыр уæвгæйæ, — раст афтæ хъуа- мæ уа, æндæра уыцы ус хæйрæг уыд миййаг, ахæм дис- саг куыд равдыстаид? — Афтæ хъуамæ уа. Æз та йæ, хуыцау, ныххатыр кæн, хæйрæгдзииад схуыдтон. — Дæуæн диссаг нæу! Хæйрæг куыд уыдаид, сыкъа- тæ йын нæ уыди æмæ, хæйрæгæи сыкъатæ хъуамæ уа. — Æмæ, ома уый æз иæ зонын, æнæуый афтæ ахъуы- ды кодтон. — О, уый æндæр хъуыддаг у. — Дыууæ дæр ныссабыр сты, дыууæйы дæр бауыр- пыдта, знон дæснымæ хъусгæйæ цы нæ бамбæрстой, уый абон кæй рафæлгъуыдтой æмæ йæ кæй базыдтой. — Уый æз базыдтои!— раппæлыди Луарсаб. Даре- джан кæд Луарсабы уарзта, уæддæр æй фæндыди, хъуыддаг: базонын йæхиуыл афыссын. Лæг æдылы у, æви зондджын, уæддæр йæхи уарзаг у. — Æмæ мæ куы фæндыдаид, уæд æй æз нæ базыд- таин? — загъта Дареджан,— нæ мæ фæндыд, æндæра мын знон дæр зындгонд уыди. — Ныр та ууыл ныллæудзынæ. ■— Хуыцауыстæн, афтæ у. — Дæу лæг никуы басæтдзæни, зор1дджын Соломон йæхæдæг куы ’рцæуа, уæддæр ын зæгъдзынæ: æз дæ- Уæй зондджындæр дæн. Цы йын у, иу хатт мæм куы байхъусай, уæд? Дæ лæг дæн, дæ лæгу æцæгæлон дын нæ дæн. Нæ зонын, сразы ис æви нæ, фæлæ Дареджан Лу- аРсабы ныхмæ кæй цыди, уый Луарсабæн тынг хъыг *æй уыди, уый зонын. 8- И. Чъавчъавадзе- ПЗ
XIII Дæсныфæрсæг ноджы тыхджындæр бауырнын кодта ус æмæ лæгæн, сывæллон сын кæй райгуырдзæн, уый. Ацы ныфсыл сын бынтондæр дызæрдыггæнæн нал уыд. Сæ уырнындзинад уый уонг сфидар ис, æмæ иу дзæбæх бон Дареджанмæ афтæ фæзынд, цыма йæ гуыбыны сызмæлыд сывæллон. Кæй зæгъын æй хъæуы, цинæй- дзаг æхсин æй уайтагъд Луарсабæн адзырдта æмæ уый дæр бахъæлдзæг. — Æцæг базмæлыди? — афарста йæ, фырцинæй фæ- сонт уæвгæйæ, Луарсаб. — Цытæ дзурыс, дæ нывонд фæуа мæ сæр!.. Ай хуы- зæн диссаджы сылгоймаг, чысыл ма бахъæуа, фырци- нæй дæм багæпп кæнон, фæлæ мæ зæрдыл æрбалæууыд, миййаг куы февзæр уон, зæгъын, æмæ дæу та уырнгæ дæр нæма кæны. — Ох, дæ адджын удыл дын афтæ атыхсин!.. Хорз сарæзтай, кæй нæ рагæпп кодтай, уымæй, æндæра фев- зæр уыдаис. Ахæм цинæй ма уый хорз æрбаймысыдтæ! Фæлæ æз та, хуыцауы стæн, багæпп кодтаин æмæ гæпп дæр цы хуызæн, фæлæ ахæм гæпп, зæгъгæ, æрхаудтæн, уæд джитъриау ныппырх уыдаин. Рахауæд йæ цæст Да- видæн! Еныр ракафæд, йе, перхули! Цæй, уæдæ æз æмæ ды абон хорз минас скæнæм. Иу быркуы дзæбæх сырх сæн бакæнын кæнæм, нæ сывæллоны цæрæмбоны тых- хæй баназæм. Ура-а! — ныхъхъæр кодта Луарсаб. Æмæ иугæр йæ ахуыр куыд уыд, афтæ хуыссыд тъахтийыл уæлгоммæ, уæд иу къахыл дæр схæцыд хæрдмæ æмæ цалынмæ йæ «Ура»-йы нæрын нæ ныссабыр и, уæдмæ уый дæр йæ къах уырдыгмæ не ’руагъта. Ацы хъуыддаг уыд сихорафон. Бакæнын кодтой сырх сæн. Ус æмæ лæджы тынг бауырныдта байзæддаг сын кæй уыдзæн æмæ Давиды цæстытæ кæй рахаудзысты, æмæ уый ци- нæй сихорыл сæхи дзæбæх бахъæлдзæг кодтой. Уæлдай тыхджындæр бануæзтджын æмæ райтынг ис Луарсаб. Елисабед дзырдта, цыма, дам, Дареджан дæр уарзы сæн нуазын æмæ дзы уый зонын æмæ ацы сихорыл уый дæр кæй анызта дыууæ агуывзæ, сæ сывæллон кæд нæ- ма райгуырд уæддæр уал ын йæ цæрæмбоны тыххæй ракуывта Луарсаб æртæ агуывзæйæ, анызта сæ æмæ «хуыцауы арфæ» (алаверди) Дареджанмæ дæр авæрд- та. Дареджан дæр кæд уый б&рц хъæлдзæг ахастыл уыдис, уæддæр сылгоймаджы ’фсæрмдзинад сфæрæзта 114
мæ агуывзæ райста, фæлæ йæ иууыл нæ банызта. — Баназ, мæ зынаргъ, дзырдта йын расыг Луар- саб, — мæ минас мын ма фенад кæн. Нæ сывæллоны цæраембоны тыххæй рæгъ куыд нæ нуазыс? Æз æмæ йæ ды куы нæ баназæм, уæд ма йæ чи хъуамæ баназа? Хуьшау нæм фæхъыг уыдзæни, зæгъдзæн: æз сын сы- вæллон раттон, уыдон ын йæ цæрæмбоны тыххæй дæр нæ нуазынц, ма фæхъыг кæн хæларзæрдæ хуыцауы, тыххæй ,нæм æркаст дзæбæх цæстæй. Мæнæн дæр мæ минас ма фенад кæн. Аназ, мæ зынаргъ! Афтæ’загъта æмæ йæм фæстæмæ ратта агуывзæ. Дареджан райста агуывзæ, фæлæ афтæ сыфсæрм ис, йæ цæстытæ афтæ æрныкъуылдтытæ кодта, ахæм зæр- диагæй ныххудтис æмæ йыл æз уайтагъддæр фембæлд- тæн, æхсин æнæуый дæр нозтджын кæй у. Дареджан райста агуывзæ æмæ йæ анызта. Худæг уыди æхсин, сæн ыл чысылгай зынын байдыдта, йæ уадултæ ныс- сырх сты, йæ былтæ кæрæдзийыл нал хæцыдысты ху- дынæй, йæ бинаг был æруагъта æмæ йæ комы сæт цæ- уын райдыдта, йæ тар цæстытæ суынгæг сты. Иу дзыр- дæй, Дареджан йæ тæккæ нуæзтджыныл уыд. Луарсаб дæр ныррасыги. Суагъта йæ сæнæфхæрд æвзаджы идон æмæ райдыдта æнæсæрфат дыбал-дыбул кæнын. Даре- джан æдзух йæ сæр æнкъуыста æмæ худти. — Йæ нывонд фæуон Къахетæн, йæ нывонд! — æна- рæхст æвзагæй дзырдта расыг Луарсаб. Уый куы нæ уыдаид, уæд къахеттаг сæн дæр нæ уыдаид, æмæ æз дæр цы лæг уыдаин. Мæ кадджын ном мын уæд хъуы- ды дæр чи æркодтаид? Абон кæд искуы Луарсабы кой чындæуы, уæд æй хъуамæ сæнæй бузныг уон. Кæд абон лæг дæн æз, уæд мæнæ ацы сау сæнæфсиры донæй лæг дæн! Æз цас баназон, уый бæрц дыууæ дæр нæ баназ- дзысты Гуырдзыстонæй, стыр нуазаг дæн æз. Æз ма зарын куы зонин, уæд мыл æнæхъæн Къахеты сæнтæ Дæр нæ фæтых уаиккой. Уый у хъуыддаг, зарын кæй нæ зонын. Зарын нуæзты сабырдæр кæны. Æнæуый цы хъуаг дæн, уæцъæф мыл хорз нуазаджы уæцъæф ис, ^Д дæ фæнды цыппор чапи дзы сæн бацæудзæни. Яъуыды ма кæныс уыцы имереттаджы? Иу хатт нæм КУЫ æрцыд, афтæ куы дзырдта: Дадианийы «повер- ния» ^дам дæн. «Поверния» нæ, фæлæ, ды цæрай, тых- ^й йæ рарвыстой имереттæгтæ: ацу, дам, Къахетмæ, **У уæйцг дзы ис — Луарсаб Таткаридзе, уый, дам, нда Фæрасыг кæн æмæ, дам, дын имереты ’рдæг ратдзьг- П5
стæм. Стæй мæ куы федта, уæд базыдта цы лæг дæй, уый, æмæ йæхи «Поверния» уымæн схуыдта, цæмæй йае ном ма фегад уа. Æппæлынмæ мын ма айс, фæлæ мае ном Тæтæрмæ дæр айхъуысти, мæ кад Имеретмæ дæр бахæццæ ис. Фæлæ мæнæ дæ ницæйаг Луарсаб афтаз, скодта уыцы имереттаджы æмæ, æмæ... Иууыл æй йæ хурæй сомы кæнын кодтон. Иæхæдæг мын йæхи дзыхæй’ загъта, бахъ-бахъ уæйыг, дам, дæ. Йæ къух мын æр- къæдз кодта æмæ мын мæ хъусы сусæгæй æрбадзырд. та, хæснаг, дам, рамбылдтай, Имереты ’рдæг, дам, дæу, хъуамæ уа. Куы бахъаст кодтаин, уæд, кæй зæгъын æй’ хъæуы, уыцы ’рдæг рахастаин, фæлæ уæд нæхи фыдæл- ты фæллæйттæ дæр афтæ дзæгъæл зад сты æмæ ма æз Имеретæй цы арæзтон? Ныр нын дзæгъæл нал баззай-,; дзысты, уас дæ хуылфы фæхъау фæуон дæуæн, ныр дзы мидæгæй чысыл Таткаридзе хуыссы, æмæ æнхъæл* дæн, сырх сæны мидæг хъылдымтæ кæны. О, дæ низтæ ахæрон! Рауай-ма, дæ уарзон былтæн дын фæйнæ пъа ныккæнон! Ай уал нын сывæллон дæр ис. Цæй ныр ын йæ чындзæхсæвыл дæр ахъуыды кæнæм. Зоныс цы, Да- реджан? Ды зонынджын сылгоймаг дæ, æмæ æз дæр, хуыцауы фæрцы, нæ дæн æдылы, куыддæр ыл цыппæр- дæс азы сыххæст уа — анымай ма сæ, кæд ыл сæххæст уыдзæн, æнхъæл дæн, бирæ рæстæг нæ ахæсдзæн, тагъд хъуамæ сæххæст уой, куыддæриддæр сыххæст уа, афтæ йыл хъуамæ дзуар бафтауæм. Цы ма йæм æнхъæлмæ кæсæм? Йæ чындзæхсæвы йын лезгинкæтæ не ’ркаф- дзынæ. Æз ын, хуыцау дын раарфæ кæна, ахæм дзуц- цæг кафт æркæнин æмæ бæстæ рыджы бын фæуаид... Уыцы имереттаджы куы рамбылдтон, уæд, зоныс, цы йын загътон? Ацу, зæгъын, æмæ дæхи кой кæм кæнай, уым-иу мах кой дæр ракæн, æмæ имереттæгтæн дæр зæгъ, цыдæриддæр, зæгъ, уæ сæнæфсиры тыллæгæй ра- цæуа, уый мæнæн иу чысыл ахуыппы фаг дæр нæу, æмæ, зæгъ, æххæст ахуыпп та уæхиуыл баззайдзæни хæс. О, зæгъын, ахæм адæймæгтæ стæм, йе, Къахеты, уæдæ!.. Дæ хуыцауыстæн, хорз ын нæ загътон? — Хорз, æмæ цы хуызæн? Иттæг хорз. — Уæдæ рауай æмæ ма дын дæ уырыскъæфхуыз уа- дултæн иу дзæбæх пъа ныккæнон. Ныр, Дареджан, дæ, хъæбулы чындзæхсæвы лезгинкæ не ’ркафдзынæ? — Цæуылнæ? — Гъо, мæ зынаргъ, зоныс, цы бакæнæм? Цыма еныр чындзæхсæв у, æркаф ма, дæхæдæг куыд зоныс, ахæм 116
йД0ури, æз дын «гандидури» азардзынæн, кæд мæ уар ыс, УæД' Ома чындзæхсæвы стæм. Кæд дæ фæнды, лез гинкæ уæд! Æз дын «Уæздан æнгузы цонг» азардзы нæН# Уой, уæздан æнгузы цонг! Уæздан æигузы цонг! Чупри-чупар, Чупри-чупар, чупри Дареджанайæн!. ура-а!.. Ие, Джиди!.. Дæ худ царыл нындадз!.. Къахет таг лæ... джы... рГ... вонд... фон... сæн... ра... кæл... дзæн.. ду... рын... æй... Уыцы имеретта... гæн... дзæбæх... фы.. сым куы фæдæн, Да... видæн дæр йæ цæст... ра..\ хауд.. та... ура-а!.. Афтæ богъ-богъ кодта зарыны ’фсон расыг Луар саб, цыдæртæ сæнттæ цагъта заргæ-зарын æмæ афтæ мæй ныффынæй ис. XIV — Нал фæуай, нæ? — бафæрсдзæн мæ нынкъард- гонд, кæнæ чизоны смæстыгонд чиныгкæсæг дæр. — Куыд нæ? Фæуыдзынæн æй, фæлæ зонут цæмæй? Уы- мæй æмæ Луарсабæн йæ амонд фехæлдзæн. Уæдæ ма æнæфехæлгæ цы ис дунейыл? Мемæ æмхъæлæсæй зæгъ- дзæн мæ фæллад чиныгкæсæг. Æрмæст дуне у æнæфехæлгæ, мæ чиныгкæсæг, æмæ ма иу диссаджы гуырдзиаг æмбисонд: «Райгуырæн бæ- стæйæн хуыздæр у, фырт йæ фыдæй хуыздæр куы уа, уæд», кæннод мæнæ уый цы у? «Ма, дам, фесаф дæ зæронд фæндаг», уый махмæ Китайæ æрбахъуызыд, æмæ нæм Китайы хуызæнæй цыдæриддæр ис, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, фехæлдзæн, сымах æмæ хуыцауы фæрцы, мæ зæронд фæндаджы уарзæг, фæлæ уæддæр мæ уарзон гуырдзиаг!.. Ацыди цасдæр рæстæг æмæ ацы иу фæлывд дуне я\цзух йæ хуыз кæй ивы, уый, закъон бирæ цыдæртæ фен- Дæр кодта зæххы цъарыл. Луарсаб æмæ йæ усæн сы- вæллон нал ратта. Дареджан иу хосгæнæг ус ссардта æмæ йæхицæн хос кæнын райдыдта. Хосгæнæг ус ын Цыдэер хос ратта. Дареджан дзы дыууæ къуыри фæ- нУæзта æмæ æртыккаг къуыри йæ къæхтæ адаргъ код- Та- Мæгуыр Луарсаб баззади идæдзæй. Хил рауагъта, саутæ скодта. Йæ амонд иууылдæр Дареджанимæ ба- ныгæдта, дыууæ хæрзиуæджы ма йын баззад ацы цард- ивæг дунейыл: иуæй — хæрынмæ зыд кæй уыд, иннæ а -— хуыссын-иу æй куы фæндыд, уæд-иу Ламазисеули 117
сбадти йæ дæлфæдтæм, йæ къæхты бынтæ æмæ-иу ын йæ зæнгтæ йæ къухæй лæгъзытæ кæнгæйæ, сæрфта æмæ-иу æй афтæмæй бафынæй кодта. Æрмæст ма уый уыди йæ ныфс, æндæра йæ дынджыр уæцъæф æртæ- бæкк ис, йæ сырх уадултæ фæбур сты, йæ галы цæсты- тыйас цæстытæ бахаудысты æмæ ныттарысты, йæ нарс? æртыдагъ дæллагхъуыр хус инжиры дзæкъулау нын- цъылдтытæ ис, уыимæ нал кодта йæхирдыгон зæрдиаг худт дæр, — иу дзырдæй, лæг фесæфти: мæт афтæ зо- ны, фæстагмæ йын хуызивæн боны йæ натлиа цыдæр фыдбылызы бонæн æрхаста æрдæг мæрты бæрц хъулон (форел) кæсæгтæ. Луарсаб уыцы кæсæгтæй фыддæра- дæн ахъаззаг ахордта, йæ ахсæны судзаг низ фæзынд æмæ йæ ран ссардта. Амарди Луарсаб дæр, махæй бирæтæ куыд амæ- лынц, афтæ; ахæмтæн сæ цардæй дунейыл ницы баф- ты, æмæ йыл сæ амæлæтæй дæр ницы зиан æрцæудзæн. Ацы дыууæ удгоймаджы цардæн йæ фæд дæр нæ фæзынди сур зæххы цъарыл. Цæмæн равзæрдысты æмæ цæмæн фесæфтысты? Æрдæг æнусы бæрц уымæн фæ- цардысты, цæмæй фæйнæ цыппар писи фæйнæг æмæ æртыгай адлитæ зæхх ссардтаиккой? Æви уый тыххæй, цæмæй сын сæ марды дурыл ныффыссой, зæгъгæ, «18... азы онг æлдар Луарсаб Таткаридзе æмæ йæ ус Даре- джан гас уыдысты æмæ стæй амардысты?» Æндæр ма ныи истæмæй рабæрæг . уыдзæнис, зæгъгæ, уыдон цы бæстыл уыдысты æмæ цардысты? «Чиныгкæсæг, ныхха- тыр мын кæн» афтæ фыст ис сæ дурыл. Æнусы æрдæг уымæн фæцардысты а-бæстыл æмæ фæстагмæ «хатыр» курой æмæ хъуыддаг хатыр кæнинаг скæной? Фыдæл- тæй фæстæмæ гуырдзиаг марды дурыл цæмæн фыст вæййы «ныххатыр мын кæнут», зæгъгæ, уый ныр æм- барын. Уыцы ныххатыр æмæ ныббарыныл фæцайда- гъæн йæхи хъуыды æмæ нысаниуæг уыдис, фæлæ, чи- ныгкæсæг, æз уый дæуæн нæ райхалдзынæн, кæд цыргъ- зонд æмæ сыгъдæг зæрдæ адæймаг дæ, уæд æй ды мæ- нæй хуыздæр бамбардзынæ, кæд нæ, уæд та йыл дзу- рын дæр нæ хъæуы. Уæгъды дæ фæхъыг кæндзынæн, смæсты уыдзынæ. Ацы маст дæ афтæ фæкуырм кæн- дзæн æмæ йыл æндæр искæй зæрдæ дæуæй фылдæр куы рисса. Уæд уый дæр нал фендзынæ æмæ йын йæ зæрдæриссæн ныхæстæ фæливæн ныхæстыл банымай- дзынæ. Æз фæдæн, æмæ дæу цы фæнды, уый кæн, чиныгкæ- 118
сæг! Ацы хабар куы бакæсай, уæд фæнды худгæ кæн, фæнды кæугæ. Дыууæйæн дæр дын фадат ис ацы уа- цауы. Кæд искуы дæ цæстытæ айтынг кодтай æмæ дæ алварс цы федтай, уыдоныл ахъуыды кодтай, уæд фед- таис: иу дзаумайыл иуæй-иу худгæ кæны, иннæ та — кæугæ. Æз федтон иу мæгуыр, бæгънæг, зæронд усы, йæ къæхтæ ныскъуыдтæ сты, афтæмæй. Чи зоны цы хуы- зæн æнамонд хъуыддæгтæ æркодта уый ахæм нозтмæ. Æмæ йæ фырнуазагæй цæрæмбонтæм фесæфт йæ кад æмæ йæ адæймагдзинад. Æз федтон уыцы тæригъæд- даг сылгоймаджы, горæты лæппутæ йæ æрцахстой æмæ йæ фондз суарийыл гæппытæ кæнын кодтой, æнæхъæн сахаты дæргъы дзы хынджылæг кодтой. Æз федтон, уыдонæй йыл бирæтæ худгæ кодтой, фæлæ дзы иуæй- иутæ та, ацы тæригъæддаг сылгоймаг ахæм уавæры кæй уыд, ууыл сæхимидæг кæугæ кодтой. Уыдонæй растдæр чи уыди? Худджытæ æви кæуджытæ? Сæ дыу- уæ дæр раст уыдысты, уымæн æмæ йæм сæ иутæ æр- мæст цæстæй кастысты æмæ цæстæй кæсынæн æцæг дæр худæг хъуыддаг уыди. Иннæтæ та кæсгæ дæр код- той æмæ хъуыды дæр. Хъуыды кæнгæйæ та — лæг ахæм хъуыддæгтыл зынæй фæхуддзæни. Куыд зыны, афтæ- мæй иу хабарæн йæ бон у иу рæстæджы худинаг дæр уа æмæ кæуинаг дæр, уый баст у лæгæн йæхи гуыры кондыл, — цахæм адæймаг дæ, ахæм цæстæй йæм акæс- дзынæ: кæд дæм ахæм хъуыдыйы тых ис, æмæ æцæг- дзинад дæ разы цыфæнды хъынцъымагæй уа, уæддæр ыл ды ныфсджынæй фембæлдзынæ æмæ ма дын уыимæ кæд ахæм зæрдæ дæр ис, æмæ фæтæригъæд кæнай, æнамонд хъуыддаг кæуыл æрцыд, ахæмæн, уæд дæ ай- хуызæн худинаг хъуыддаг худын ма хъуамæ кæна, фæлæ дæ хъуамæ тынгдæр фæкæуын кæна, кæд нæ, уæд ацу æмæ худ, цас дæ фæнды, уыйас. Худ æмæ-иу хаттæй-хатт мæсты дæр су ацы радзырд ныфыссæгмæ æмæ мыл истытæ мæнгдзинад дæр æрымыс — уæддæр ды куы уарзыс ахæм дам-думтæ мысын. Зæгъгæ, дам, æз гуырдзиаг адæмыл хинæй цæуын, йæ худинаг ха- бæрттæ дын кæй дзурын, фæлæ сæ кæй не ’мбæхсын иуаей-иу тæссзæрдæ патриотау. Зонын, мæ чиныгкæсæг, не ’намондæн сымахмæ зын ссарæн у, раст ныхасыл йæ хъуыды чи рараст кæна, ахæм адæймаг. Зонын уый звмæ, куыд мæ хæлар, афтæ дын æй комкоммæ дæр Зæгъдзынæн, Луарсаб æмæ Дареджан дæ хъæбысы рай- гУырдысты, дæ риуы ’хсырæй схъомыл сты. Фæнды мæм 119
фæхъыг у, фæнды ма, кæд уыдоныл худыс, уæд худыс дæхи сæрыл, кæд сыл кæугæ кæныс, уæд уый хорзы нысан у: бæрæг у, мæсты кæныс, ахæмтæ кæй стæм, ууыл, зыны, дæхи рараст кæныны фæндагыл кæй ныл- лæууыдтæ, уый. Хуыцауы бафæндæд, цæмæй æцæг дæр афтæ уа. Кæд æз дæу уарзын, мæ чиныгкæсæг, уæд дæ уы- мæн уарзын, æмæ мæ ныфс ис, ацы хи рараст кæнын дæу кæй бафæнддзæн абонæй-сомæй. Æмæ мын ацы ныфс ма фæуæгъды кæн. Афтæ ма фенхъæл æмæ мæ ацы радзырды дæ фæхъыг кæнын фæнды. Уый фæнды цас йæ бон у, уыййас дæуæн фенын кæна, фауинаг дæм цы ис, уый дæр æмæ дæм æвзæр цы ис, уый дæр, цæмæй зонай цы рараст кæнай, уый. Цалынмæ кæсæны акæсай, кæнæ дын æндæр исчи зæгъа, уæдмæ базон- дзынæ дæ цæсгомыл цы ’взæры нысан уа, уый? Ацы радзырд дын кæсæн уæд æмæ кæд дæ фæнды, уæд æз та — амонæг. Æркæс зæрдиагдæрæй, чизоны дзы исты дæ зæрдыл бадарай. Уый зон: æрмæст дын де знаг не схъæркæндзæн, дæ цæсгомыл дын цы фена, уый. Чи дæ уарзы, уый та дын уайтагъддæр кæсæн æрхæсдзæн, цæмæй асыгъдæг кæнай дæхи æмæ адæмы ’хсæн ма фæхудинаг уай. Æз дæр дын, чи дæ уарзы, ахæм ми кæнын; — кæсæн дын æрхастон, уый тыххæй мæм куыд хъуамæ фæхъыг уай?! Цы кæнæм, кæд дæм ацы кæсæ- нæн йæ сæрст иуæй-иу рæтты скъуыдтæ фæкаст æмæ дзы иуæй-иу рæтты та чъизи тæппытæ ис! Цы мæм уыд, уый дын æрхастон, куыд мæ бон бацыд, афтæ дын бах- хуыс кодтон. Кæд ма мæм уæддæр мæсты кæныс, уæд дæ бар дæхи. Æз де ’ртхъирæнтæй нæ тæрсын. Æрмæст фæхъыг уыдзынæн уымæй, æмæ дæуæй дæр куы фæ- сайды уон; ды дæр мын, æз дæ цахæм æнхъæлдтон, ахæм куы нæ разынай, уæд ма мæ бон бауыдзæн æр- мæст мæ къухтæ барттæдæларм кæныи æмæ зæгъын: «Æз ныууасыдтæн, æмæ сбон уыдзæн æви нæ, уый хуы- цау зоны! Æниу кæрæдзимæ куы нæ фæхъыг уыдаик- кам, уæд кæд æрбабон уыдзæн, уый мах нæхæдæг дæр хорз базыдтаиккам!..» Уæддæр хорзæй баззайут æмæ бахатыр кæнут уæ цагъарæн. 1858—1863 азтæ. 120
ОТАРАТЫ ИДÆДЗ I ЦÆМÆН ХЪÆУЫ АДДЖЫН НЫХАС?! Уыцы егъау хъæуы, йæ ном уæд та «Цъаблиани» фод, алчи дæр зыдта, Отараты идæдз чи у, уый. Хъæуы фидиуæджы куы бафæрсай, уæд идæдзы æмгæрæтты йæхи æвастæй хур æмæ къæвдайы йеттæмæ ничи ауай- дзæн. Йæ кæртмæ бацæуын нæ уæндыд нæ дæр нацвали*, нæ дæр есауыл, цыфæнды стыр хъуыддаг сæ куы уы- даид, уæддæр. Фæлæ-иу исты æгъдауæй куы барæды- дысты, уæд-иу Отараты идæдз ахæм хъæрахст райдыд- та, æмæ-иу сæхи дæр æмæ сæ хъысмæты дæр æлгъы- сты хай фæкодтой. Иу хабар уæлдай хуыздæр йæ зæр- дыл лæууыд фидиуæгæн, — уый фæстæ йæ хъæубæстæ иууылдæр базыдтой. Куыддæр æгъдауæй дзы фидиуæг райста иу карк, диамеб, дам, æрцыд, æмæ, дам, æнæ- хъæн хъæуы дæр кæрчытæ æмбырд кæнынц, — уый фæ- стæ ахæм фæдис хъæр самадта, суанг, дам, гуыберна- тормæ ныххæццæ фистæгæй, æмæ, дам, фидиуæгæн уы- Цы карк авд ахæмы слæууыди. Æцæг Отараты идæдз йæхæдæг дæр туманæй къаддæр нæ бахардз кодта дыу- уæрдæм рацу-бацуйыл. Фæлæ уый тыххæй, кæмдæр, аф- тæ дзырдта йæхæдæг: — Æхца та цы у?! Цъыф, æндæр ницы! Туман йæ Дзурыны аккаг дæр нæу!.. Фæлæ фидиуæгæй мæ маст кæй райстон, уый та цасы аргъ у! Науæд мæхи дзæ- гъæлы æфхæрын кæй нæ бауагътон, уый ницы у! Уадз Нацвали — дзырдæй дзырдмæ: ивæг, хъæууон администраци- иы лæг царизмы рæстæджы. 121
æмæ нырæй фæстæмæ зоной, æз Отараты идæдз кæй хуыйнын, уый. Æмæ йæ, æцæгдæр, зыдтой. Искуы-иу лæгтæ къор- дæй куы лæууыдысты, æмæ-иу Отараты идæдзы куы ауыдтой, уæд-иу фæйнæрдæм апырх сты, цъиуты сæрмæ хъæрццыгъа куыд зила, æмæ уыдон куыд апæр-пæр кæ- ной, уыйау, — уæлдайдæр-иу зæхкусджыты ’хсæн хъæу- уон хицæуттæй исчи куы фæци, уæд — нацвали кæнæ хъæуыхицау. Лæгæн йæ бон нæ уыд зæгъын, хъæубæстæ Отара- ты идæдзы уарзынц, æви нæ. Фæлæ дзы тæрсгæ иууыл- дæр кодтой. Уæхæдæг ма ахъуыды кæнут, æгæрыстæ- мæй-иу сывæллæттæ куы фыдуаг кодтой, тынг-иу куы хъæлæба кодтой æмæ-иу сын сæ мадæлтæ куы ницы уал фæрæз ардтой, уæд-иу сæ тæрсын кодтой Отараты .идæдзæй: — Ныхъус у, бынбауинаг, науæд дæлæ Отараты идæдз æрбацæуы! Отараты идæдз уыдæттæ иттæг хорз зыдта, фæлæ дзы афтæ кæй тæрсынц æмæ дзы иууылдæр сæхи кæй хизынц, уый ницæмæ дардта. — Тæппудтæ сты æмæ уымæн афтæ у, — дзырдта-иу йæхицæн. — Æндæра мæ цæмæй тæрсынц? Бахъ-бахъ уæйыг куы нæ дæн! Æз æрмæст афтæ дæн, æмæ мæ маст никæмæн ныууадздзынæн, æнæхъуаджы мæхи æфхæ- рын никæмæн бауадздзынæн. Сæр куы бахъæуа, уæд æфсæйнаг къоходзитæ дæр скæндзынæн, райсдзынæн æфсæнлæдзæг æмæ паддзахмæ дæр ныццæудзынæн. Хъæубæстæ хорз.зыдтой, Отараты идæдз дзæгъæлы йæхицæй æппæлын æмæ æнæхъуаджы æртхъирæнтæ кæ- нын кæй нæ уарзы, уый. Уымæн йæ дзырд æмæ йæ хъуыддаг иу уыдысты. — Хуыцау æмæ зæххыстæн, ус у, ус — дзырдта-иу Датиа Бедиашвили Отараты идæдзæй. — Нæдæр ис- кæмæй исты райсдзæн, нæдæр йæхион ратдзæн искæ- мæн. Бакæс-ма йæм хæдзары, кæддæра куыд у йæ ха- <бар, цъилау зилы, райсомæй изæрмæ йын нæй æрбадт, ^рынцой. Иууыл тынгдæр Отараты идæдзæй тарстысты усты- тæ. Додой йæ къона, дзæгъæлы бадгæ дзы кæуыл æр- ныдзæва, уымæн: йæ уæлныхты-иу æй систа, æнцой-иу <ей иал уагъта. — Ух, æввонгхор! — тардзæгъдæн-иу кодта. — Афтæ •æнхъæлыс дæ мойæн йæхи дарын, стæй ноджы дæ хуы- 122
зæн æввонгхорты хæссын æнцон у? Цы бадыс æрттæ- дæлармæй, дæ къухтæ ахауой! Де ’дылы зæрдæ аскъуы- йа! Афтæ æнхъæлыс уæлдай змæлд куы фæкæнай, уæд дæ мойæн уæлдай комдзаг йæ хъуыры фæбаддзæн! Аф- тæ у дæумæ гæсгæ, нæ? Æгæр бафсаддзæн йæхи, нæ? Гъе, дæ сæр мын амæла, дæ сæр! Хорз ус дæ, хуыздæр ма цы уа! Исты йæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуа, уæд æнæсдзур- гæ ницæй тыххæй фæуыдзæн, йæ иувæрсты нæ ахиз- дзæн. Зынæй загътаид искæмæн адджын ныхас. — Цæмæн хъæуы адджын ныхас? — дзырдта-иу. — Мыййаг ацы дудгæцарды исты адджын ис, цæмæй ны- хас адджын уа? Цæмæн хъæуы адджын ныхас? Сайæн æмæ фæлитой ми у, æндæр ницы! Адджын ныхас ныфс- æвæрæн æмæ адæймаджы зæрдæныхæн у. Зæрдæ ны- хын — уый та цы æрымысыдысты! Гæбæр кæуыл вæй- йы, йæхæ уый фæныхы! Ма бауадз дæ зæрдæйыл гæбæр бахæцын, æмæ йæ уæд ницæмæн хъæуы ныхын дæр. Дзырд бæххафæн нæу. Уый у хæдзы хуызæн, уымæй хорз уаид, зæрдæ дзы райвазын æмæ йæ цæлæнцой нæ уадзын. Науæд ыл хъуына сбаддзæн, къусджы цы кæр- дзын ферох уа, уыйау. Лæгæн лæджы хорздзинад куы фæнда, уæд хъуамæ йæ зæрдæйы цæлæнцой ма уадза. Цæмæн хъæуы зæрдæйы ныхын! Уый æвдæлон лæджы хъуыддаг у. Æлдæрттæ ныхын кæнынц сæ къахбынтæ, цæмæй тагъддæр бафынæй уой; афтæ у зæрдæйы хъуыд- даг дæр — куы йæ ирхæфсай, уæд фынæй кæны. Уый нæ зонынц, æмæ лæг иунæг уысм дæр йæ цæст куы ацъынд кæна, уæд æй цард кæй аууæрддзæн, лекъаг йæ нымæт куыд ассæнды, уыйау. — Отараты идæдзæн зæрдæйы бæсты дур ис, дур, — дзырдтой-иу хъæубæстæ. II ЦЫВЗЫДЖЫН ХÆРЗИУÆГ Æцæг афтæ уыди æви нæ, уымæй бафæрсын хъæуы иу æндæр идæдз усы, хъæуæн йе ’ннæ кæрон чи цард æмæ бирæ къаннæг сывæллæттæ кæмæн уыди, уый. Уый уыди иу чысыл æнæсæрæн, æнæсæрфад ус æмæ йæ сывæллæттæ æххормаг æййæфтой. Отараты идæдз ын 123
æрвылхуыцаубон дæр хаста иу дæсы бæрц шотитæ* æмæ иу кæхц мæнæуы дзæрна. — Гъа, æмпулгæ, — дзырдта-иу ын. — Байгом кодта йæ дзых, саумæры дын бамбийа, залиаг калм! Цæрæн- бонты æрмæст уый зоныс, æмæ адæймаджы къухтæм куыдзы каст кæныс, кæд дын исчи æхсыд стæг аппарид! Гъæ, дæ бонтæ дыл бацыбыр уой! Цымæ дын цæмæн радта хуыцау цæнгтæ, æмæ цæнгтæ дæр цæнгты хуызæн куы уаиккой, фæлæ æнæхъæн æгъдтæ! Кæс ма йæм, кæс, куыд зыдгæнаг у! Цы ратона кæна, æндæр æй ни- цы маст ис. Раст хуыйы хъыбылы нард сси, — бирæгъау æнæфсис. Фæлæ кæрдзыны къæбæр бакуса, уый æр- хъуыды йæм нæй! Науæд дæ хорзæхæй цы фендзысты де ’намонд сывæллæттæ? Цы базондзысты, дæумæ куы кæсой, уæд? Уыдонæн уæддæр фæтæригъæд кæн! Куыд æнамонд боны райгуырдтæ! Ус ахуыр уыд уыцы ныхæстыл æмæ-иу ын уæддæр арфæтæ кодта. — Бузныг дæхицæн уадз, хæцъилы гæппæлы йæ ба- тух æмæ йæ арф нывæр, ма дын фесæфæд!.. Хæзна у„ уæдæ циу дæ хæдмæл бузныг Отараты идæдзæн. Æнæ- вгъау æй уарыс дзаг армæй. Гъæ, арв дæ ныццæва дæу! Бузныг!.. Хорз у, æмæ æввонгæй бафтыд дæ къухы, æндæра уый дæр не ссардтаис, исты йыл хардз кæнын куы хъуыдаид, уæд. Бузныг!.. Кæд дæ фæнды, дæхицæн æй нывæр, кæд дæ фæнды, фехс æй. Кæдфæнды дæр æм дуар бахойа мæгуыргур — Ота- раты идæдз ын æнæ исты ратгæ нæ фæуыдзæн, фæлæ йæ уыимæ азымы ма бадара, йæ ных ын ма бакъуыра, уый гæнæн нæй. — И-и-и, де ’дылы къоппа амæла!—дзырдта-иу ын, исты-иу ын куы лæвæрдта, уæд. — Удхарæй марыс мæ хуызæн æдылы устыты, гæппæввонгæй лæууыс, цæмæй адæймагæн йæ комдзаг йæ дзыхæй аскъæфай. Гъæ, арв дын ныццæва дæ цæгæр сæр! Дзæгъæлдзу цыдæр, æв- вонгхор! Хъеллау кæныс къæбæргур, кæм и, кæм, дæ цæсгом? Кæмæ ис дунейы уæлдай къæбæр, цæмæй йæ дæуæн дæдта? Нæ уыныс, æнæсæрымагъз, гуымир цы- дæр, дæ алыварс адæм бон изæрмæ сæ гæндзæхтæ куы цæгъдынц, уæддæр маамæлайы къæбæр тыххæй-фыдæй кæй арынц, уый? Дæу та ма куыд дарой? Худинаг дын нæ^ адæмæй? Æнæмбаргæ цыдæр? Цы дын кæна. Ота- * Шоти — торнейы фых гуырдзиаг дæргъæццон дзул. 124
раты идæдз—дæ мад у æви дæ фыд? Æви искæмæй хæс райста æмæ хæсджын у, цæмæй дæу дара? Дæ къухтæ æмæ дæ цæнгтæ бахуыскъ уой! Æниу зайгæ дæр цæмæн æркодтой де ’нæхсæст гуырыл, уæддæр сæ кусын куы ницы зоныс! Адæм сæхæдæг æфсæст сты, æдылы къоппа, цæмæй ма дæу дæр хæссой? Пуй, налат! Кæм ис, кæм, дæ цæсгом? Бынтон тæригъæддаг, бакастæй рынчын мæгуыргур- иу æм куы бацыд, уæд-иу ын æппæт уыцы алывыд ра- лæхурдта, стæй-иу йæ ныхасмæ бафтыдта: — Цæугæ маранимæ, сæн дын бадарон, марг дын фæуа, фæлæ афтæ æнхъæл ма у, æмæ мæ дæуæн хорзы бацæуын фæнды! Фæлтау бындурзылд фæуæд Отараты идæдз, цæйнæфæлтау йæхи чи хъæуы, уый дæуæн рад- та. Уым, быркуыйы ма сæны бынтæ аззадысты — ницы у цъыфы йеттæмæ, уæддæр акалынæй дардæдр ницæ- мæн бæззы, æмæ дын дæ тæнтæ атонæд! Аласта-иу æй йæ фæстæ, бадардта-иу ын дыууæ ча- рекайы* — æмбисонды хорз сæн æмæ-иу æй, алы хат- тау, арвыста, алывыд ын фæкалгæйæ. Иуахæмы та йæм æрцыд мæгуыргур. Отараты идæдз ын рахаста иттæг егъау шоти æмæ, кæй зæгъын æй хъæ- уы, йæ ахуыр куыд уыд, уымæ гæсгæ та йыл бырц æрызæрста, алывыд ын фæкалдта. Мæгуыргур фæцæйцыд, Отараты идæдз уæд фæфип- пайдта, бæгъæввад кæй у æмæ йæ къæхтæ хъæдгæмт- тæ кæй сты, уый. — Кæдæм тæхыс, фæлæу, дæ уд сис! Мæгуыргур фæлæууыд. Отараты идæдз хæдзары фæ- мидæг, йæ дæларм рахаста æхсæз шотийы æмæ фæстæ- мæ куы рацыд мæгуыргурмæ, уæд фæхъæр кодта: — Цом мемæ, дæ уд схауа! Мæгуыргур катайгæнгæ араст йæ фæдыл. Идæдз æй акодта базармæ æмæ дзултæ баивта хуыдзарм æрчъиа- джы гæппæлыл мæгуыргурæн’ къоходзитæн. Фелвæста æрчъиаг æмæ йæ мæгуыргуры сæрыл ныццавта, уый, бецау, йæ цæсгом бамбæрзта йæ къухтæй, цæмæй йыл æрчъиаг ма сымбæлдаид. — Гъа, хуыцау дæ мауал суадза! Барæхс къоходзи- тæ æмæ сæ дар!.. Чизоны къоходзитæ рæхсын дæр нæ зоныс, сæфтдзаг цыдæр? * Чарека — тæнгъæд барæн мигæнæн, литры иу цыппæрæм хай. 125
— Хæс дзы дарыс æви, Отараты идæдз? — бафарста? йæ нæл хуыйы хуызæн нард дуканигæс. — Уæдæ цы, хуыцау æй мауал суадза! Æндæра мæ- хи æнæкæрдзын ныууадзин æмæ уымæн къоходзиаг æл- хæнин? — мæнг ныхас загъта Отараты идæдз. III ФОЫДЗ ЧЫССÆЙЫ Отараты идæдзы уæрæх хъæдын хæдзар уыди хъæу- гæрон. Хъæууон лæгæн уый уыди иттæг уæрæх кæрт,. йæ алыварс уыди æнгом быд кауын æмбонд. Сыгъдæг,. хæрзæфснайд кæрты тыргъæй кулдуармæ улæнтæ код- та цъæх кæрдæг. Тыргъы раз, иу ссæдз къахдзæфы дарддæр, зади егъау æнгуз бæлас, йæ къалиутæ ныл- лæг, æмдымбыл æруагъта, цыма æлвыд уыди. Уыцы кæрты цурты-иу чи рацæйцыд, уый-иу æм æнæфæкæсгæ нæ фæуыдаид æмæ-иу цæстæн æхсызгов уыди йæ фенд. Куыд загътам, афтæмæй хæдзар уыди хъæдын, фæйнæджытæй конд. Йæ цæгаттаг къул уыди æмыр, иннæ æртæ къулы уыди дуæрттæ, æмæ къулты алы рæтты дæр уыди топпæй хъавæн хуынчъытæ. Æвæц- цæгæн, рæстæг æнцад нæ уыди, уыцы хæдзар куььарæз- той, уæд. Хæдзары рахиз фарс ис марани — æнæкъул мæнг- агъуыст, æмбæрзт у сæнæфсиры хус къалиутæй. Фæсхæ- дзар — мус æмæ зыгуымдон, зыгуымдоны бын — скъæт. Хæдзары галиу фарс — къаннæггомау, кауæй æмбонд- гонд цæхæрадон. Уым Отараты идæдзæн тыд вæййы алыхуызон халсæрттæ, сæрд æмæ йæ зымæг чи хъæуы, ахæмтæ. Цæхæрадон Отараты идæдз йæхæдæг йæхи къухæй скъахы, барувы йæ, байтауы дзы алыхуызон халсæрттæ, дон ыл фæпырх кæны æмæ йын йæ халсар бафснайы, æииу йæ сыхæгтæ иугæндзон дзурынц: — Чи фехъуыста, æмæ сылгоймаг бел æмæ къæпи- йæ куса? Фæлæ Отараты идæдз ницæмæ дары ахæм ныхæстæ: ,— Кæд нæ фехъуыстой, уæд фехъусæнт! — дзырдта- иу идæдз ус. ,— Цымæ æз æвзæрдæр дæн мæнæ ацы æмбыд Го- гиайæ? Кæд уымæн йæ бон у къæпи æмæ белæй кусын, уæд æз цы кодтон, цы хуыцау мæ ралгъыста? Цы уæл- 126
дай у: уый нæлгоймаг у, æз та — сылгоймаг? Цæмæй хуыздæр у мæнæй? Уымæн дæр дыууæ къухы æмæ дыу- уæ къахы ис æмæ мæнæн дæр. Кæд уый къахæй дæр æмæ къухæй дæр кусы, уæд æз цæмæннæ хъуамæ ку- сон — рын мыл сыстад æви цы!.. Цæнкуыл мыййаг куы нæ дæн! Цæхæрадоны кусын афтæ бирæ уарзта, æмæ йæм- æндæр искæй къух æмгæрон дæр нæ уагъта. Цæхæра- доны астæуты пæлхъ-пæлхъ гæнгæ уади къанчæг ка- нау, уый цыди хъæуы егъау арыхъæй. Уыцы хъæуы дои арæх уыди. Дон цыди хъæуы бæстастæуты æмæ йыл æртæ куыройы дæр разылдаид. Фæлæ-иу тынг хус рæ- стæг куы ахаста, уæд-иу зæхкусджытæ дон кæрæдзийæ^ давтой, кæнæ тыхæй истой, цæмæй сдонхæр кæной сæ цæхæрадæттæ æмæ уæлдайдæр сæ сæндæттæ. Фæлæ Отараты идæдзы дон йæхи цæхæрадонмæ ауадзын ничи’ уæндыди. Додой йæ сæр кодта, уый чи бакодтаид, уы- мæн! Отараты идæдз-иу, йæ бел йе уæхскыл æвæрд, аф- тæмæй, куыройгæсау, схæццæ канауы тæккæ гуырæн- мæ. Зæхкусджытæ-иу æй сцæйцæугæ куы ауыдтой, уæд- иу дзырдтой: — Тымыгъ æрбацæуы! Додой йæ къона, кæмæ фæ- хъыза! Йæ хæдзармæ йын куы бацыдаис, уæд фыццаджы- дæр лæджы цæст æнæ бафиппайгæ нæ фæуыдаид æм- бисонды хæрзæфснайд æмæ сыгъдæгдзинад. Хæдзары цæгат къулыл сæрæй бынмæ уыди таройтæ, таройтыл хæрзæфснайд уыдысты æлыгдурæй конд мигæнæнтæ. Хæрз сæрфт, хæрз сыгъдæгæй æрттывтытæ кодтой æг- тæ, тебæтæ, кæхц, фыдис æмæ хъæлдзæгæй кастыстьг уæлейæ, цыма сæхицæй сæрыстыр уыдысты: «Цы хорз, цы аудæг æфсины къухмæ бахаудтам!» Артдзæсты фæйнæ фарс уыд хъулон гауызтæй æм- бæрзт тæрхæджытæ. Гауызтæ рагон сты, фæлæ сæ^ æвæццæгæн, хъахъхъæдтой æмæ нырма дзæбæх стьк Тæрхæджытæ дæр — рагон, сæ гоппæтæ нывæфтыд, кæ- нæ сартумали — афтæ сæ хонынц иуæй-иу рæтты. Къуы- мы уыди егъау чырын — фыццаг -бакастæй дæр бæрæг уыди, рагон арæзт кæй уыди, уый. Йæ раззаг фарсыл уыди нывæфтыдтытæ — алыхуызон къæдзостæ æмæ кæ- рæдзийыл вазыгджын тыхт рагон орнаменттæ. Иннæ къуымы — уымæй егъаудæр чырын. Æвæццæгæн, кæд- Дæр ахуырст уыди цъæх ахорæнæй, фæлæ ныр йæ- ахуырст ссыд. Йæ уæлæ обауы хуызæн амад сты хуыс- 127
сæнгæрзтæ æмæ сæрæй бынмæ æмбæрзт сты цъæхбын сузанийæ.* Уыцы уаты — кæнæ йæ Отараты идæдз йæхæдæг куыд хуыдта — дарбазийы** хæрзæфснайдмæ лæмбы- нæг куы ’ркæсай, уæд æнæмæнг зæгъдзынæ: ацы хæдза- ры хицау æнæмæнг хъуамæ хъæзныг уа. Æмæ нæ фæ- рæдидзынæ. Зæхкусджыты цæстæнгасæй бирæтæ ба- тæхуды кодтаиккой Отараты идæдзмæ. Йæ лæджы фæ- стæ йын баззад гутоны æрдæджы фаг*** кусæг фос, дыууæ хъугкъамбецы, æртæ хъуджы æмæ уымæй уæл- дай иттæг хорз зылд æмæ хъацæнæфсæст дыууæ бон- гæны сæндои æмæ иу-ссæдз бонгæны бæрц та хуым- зæхх. Отараты идæдз лæмбынæг зылди сæндонмæ, æппæт амæлттæй йæ хъахъхъæдта, æмæ йын сæндон лæвæрд- та дзаджджын тыллæг. Дзырдтой, зæгъгæ, тыллæг æп- пæты цауддæр цы аз вæййы, уыцы аз дæр Отараты идæдз æртæ сапъалнейæ**** къаддæр нæ ауæй кæны сæн. Æмæ йын йæ сæны сапъалнейæн та фыстой авд кæнæ аст, науæд æнæхъæн дæс туманы дæр. Хæдзары хардзæн дæр-иу æм баззади фагæй уæлдайдæр. Æр- вылаз дæр хуым кодта дæс бонгæны. Искæй-иу бах- хуырста, сыхæгтæ йын æххуыс кодтой æви йæхи сæр- магонд гутонæй хуым кодта, — уæлдай нæу, — кæддæ- риддæр-иу бакодта æмæ байтыдта дæс бонгæиы. Сæн æмæ-иу хоры уæлдай куы ауæй кодта, уæд йе ’хцатæ уайтагъд фондз дихы акодта æмæ-иу ын алы хай дæр æвæрд уыди хицæнæй. Уый тыххæй йæм уыди фондз хъулон чыссæйы — хъуымацы гæппæлтæй къан- нæг хызыны хуызæн хуыд. Чыссæтæй иу хуынди «тыл- лæджы чыссæ». Уым ын æвæрд уыдысты, хъæбæрхор æмæ мæнæу кæрдын, ласын æмæ най кæныныл цы хæрдзтæ хъуыди, уыцы æхцатæ. Дыккаг чыссæ хуын- ди «бæркады чыссæ». Уым ын уыди сæндоны куыстыл хардзæгтæ. Æртыккаджы хуыдта «дæлимоны хъалон». Уым ыи уыди посты æмæ бегарайы æхца, ома йыл кæд æхсæнад исты хъалон аппæрстаид, уæд уый бафиды- нæн. Цыппæрæм чыссæйы дардта кусæджы мызд. Уы- * Сузани — хæдзары уæфт тын. ** Дарбази — егъау уат, ,зал. *** Гутоны æрдæджы фаг — ома æртæ цæды, амæн æмæ гу- тоны ифтындзынц æхсæз цæды. **** Сапъалне — сæнбарæн — алы ран хицæн у (10-æй 30 пу- ты онг). Къахеты — 24 путы. 128
иЫ чыссæйы хуыдта «ратт æмæ райсдзынæ». Фæндзæм чыссæйы йын уыди хæдзары хæрдзтæ æмæ мæгуыргур- тæн дæттыны æхца. Уыцы чыссæйы Отараты идæдз хуыдта куы «Парсигъы караван-сарай*, куы та «Шио- йы марани»**. Хынцынмæ рæвдз нæ уыди æмæ-иу арæх нымадта лыстæг дурты фæрцы, амæн æмæ æнæ уый йæ бон нæ уыди. Фæлæ рæдигæ стæм хатт кодта. Фыццаг цыппар чыссæйы-иу ын уыди, цас хъуыди, уый бæрц æхца æмæ- иу стæм хатты йеттæмæ йæ нымад раст рауад. Фыццаг цыппар чыссæйы ма-иу ын цы баззад, уыдон-иу иууыл- дæр æнæнымадæй фæндзæм чыссæйы æрцагъта æмæ-иу ся° хардз кодта, цалынмæ-иу фесты, уæдмæ. IV ХÆЗНА ÆМÆ ФÆДЗÆХСТ Уыдн-ма Отараты идæдзæн ноджы иу хæзна, æмæ уый уыди, йæ мойæ йын цы баззад, уыдонæн сæ тæккæ зыпаргъдæр. Иæхæдæг æй нымадта æцæгдæр æппæты зынаргъдæрыл, фæлæ иннæтæ уый фæдыл цы хъуыды кодтой, уый зæгъын мæ бон нæу. Уыцы хæзна уыди хæ- цæнгарз. Йæ мой уыди æмбисонды куыстуарзон, æнæ- зивæг, æнувыд лæг æмæ, уымæй уæлдай, номдзыд цуа- нон дæр. Хæдзармæ куы бацæуай æмæ артдзæсты ра- хиз фарс тæрхæджы сæр къулмæ куы скæсай, уæд уым фендзынæ, ставд нæмыг кæмæн хъæуы, ахæм хъримаг агъуды мидæг, æхсаргард æд бос, хъама, дамбаца, хъа- тара æмæ топпыхосдон. Къуыри иу хатт Отараты идæдз къулæй райсы уыцы хæцæнгæрзтæ æмæ сæ тынг зæрдиагæй ныссыгъдæг кæ- ны. Уыцы куыст афтæ лæмбынæг, афтæ зæрдиагæй код- * Раджы рæстæджы караван-сарай хуыдтой, базаргæнджытæ-иу сæ базайрæгтимæ кæм улæфыдысты, ахæм уазæгдæтты. Уыдонмæ Уыди ахæм æгъдау: къуырийы кæрон-иу сæ базарæн фæстиуджытæ куы скодтой, уæд-иу лæвæрттæ кодтой. «Парсигъы караван-сара- йы» кой кæй кæны, уымæй автор, æвæццæгæн, зæгъинаг у, нæртон лæвæрттæ чи кодта, ахæм цавæрдæр «Парсигъы хабар». ** «Шиойы марани» — ома сыгъдæг Шиойы сæнæвæрæн нык- кæнд — æвæццæгæн, баст уыди ахæм æгъдауимæ: хъæзиыг мона- стиртæ-иу, уыцы нымæцы сыгъдæг Шиойы монастир дæр, дины бæ- рæгбонты парахатæй байгом кодтой сæ сæны æвæрæнтæ. Афтæ- ^æй, уæдæ, «Шиойы марани» дæр æмæ «Парсигъы караван-сарай» Дæр систы нæртондзинад æвдисæн дзырдтæ. 9- И. Чъавчъавадзе 129
та, æмæ лæг загътаид, исты зæдæн кувы. Хæцæнгæрзг тæм афтæ æнувыд цæстæнгасæй кæсын райдыдта, йæ- мой куы амард, уæдæй фæстæмæ. Иæ уд исыныл куы уыдаид, уæддæр сæ ницæй тыххæй ныууагътаид æнæ ныссыгъдæг кæнгæ, сæ афон-иу куы ’рцыд, уæд. Сыгъг дæг та-иу сæ афтæ кодта, æмæ-иу тæмæнтæ калдтой,, стæй-иу сæ фыры фæхсынæй ахъаззаг байсæрста æмæ-; иу сæ фæстæмæ сæ бынæтты сауыгъта. Хæцæнгæрзтæ-иу куы сыгъдæг кодта, уæд-иу алы хатт дæр йæ цæстытаё- баумæл сты йæ цæсты сыгæй, йæ зæрдæ-иу фæрысти’ æмæ-иу хъарæг кодта: ; — Уæ мæ бон бакæла! — куыдта-иу æмæ-иу йæ риу хоста. — Лæг уыд сæ хицау ацы хæцæнгæрзтæн, лæг, фæлæ ныр сылгоймагмæ æрхаудтой! Амарди, бецау уæ- бон уа, уæ хъæбатыр хицау! Уæ, мæ бон бакæла — канд сымахæн амард? Мæнæн дæр амард, мæнæн! Сау- мæр мын байста мæхи Тедойы!.. Дæ рæбинаг цæджындз асаст, мæ хæдзар. Сау мæры *уын;баныгæдтой уæ нæр- тон хицауы, мæнæ хъама æмæ хъримаг!.. Асасти нæ царды æфсондз; амарди, Отараты идæдз, дæ цæдисæм- бал, иунæгæй баззадтæ царды æфсондзы!.. Уæу, додой фæкæна мæ иунæг сæр! Сæгты мæй-иу* мын саджы мард æрласта уæрдоны. Мæ зæрдæ-иу рацæйтыдта фыр? цинæй, мæ лæджы тыхджын, зæлланг хъæлæс-иу мæ- хъустыл куы ауад, уæд. Кæддæриддæр заргæ, æрмæст ^аргæ кодта мæсты рæстæджы дæр æмæ цины рæстæ- джы дæр. Уый лæг уыди, лæг!.. Иæ аууоны нывонд фæ- уон!.. Лæг æй кусгæ куы федтаид — фæнды иунæг уы- даид, — уæд æй чындзæхсæв фенхъæлдтаид. Дуры дæр райхъал кодтаид, йемæ дур дæр куысты сивтыгътаид йæхи. Иæ номы фæхъхъау фæуон! Куы мард, уæд нæ фелхынцъ кодта йе ’рфгуытæ, фæдзырдта мæм æмæ мын загъта: — Цæмæн кæуыс, мæ хур! Ды дæр уæлæуыл нæ баз- зайдзынæ. Адæмæн сæ фæстаг иу ранмæ цæуы. Кæугæ- йæ чи райтуырд, уымæн худгæйæ мæлын хуыздæр у. Ам уазæгуаты уыдтæн æмæ ныр хъæмæ цæуын. Цæмæн кæуыс? — Цы уыдзынæн æнæ дæу? — хъаст ын кодтон .æз. — Куыд цы уыдзынæ!.. Кус æмæ дæхи дар. Мæнæн’, мыййаг, ме ’нгуылдзтæй зети æмæ царв цыди, æви цы! Фыдæбон кодтон æмæ кæрдзыны къæбæр хордтон. Ду~ * Сагдзуан кæнынц октябры. 130
не тыхджын у, тæрсгæ ма кæн! Æрмæст цырд лæу — ма æ асæттæнт зындзинæдтæ, ма дæ бадомæд маст!.. Мæ чысыл Гиуæргимæ мын дæ хъус фæдар, нæ папитæ йын бавæр, ма йæ бауадз æфхæрын; дæ цæст æм фæдар, цасмæй лæгъзтæйаг макæмæн фæуа. Стæй куы схъомыл уа, уæд йæхæдæг зондзæн. Кæд цæра, уæд йæхи хъа- руйæ, йæхи цæнгдыхæй цæрæд... Бавæр ын йæ фыды хæцæнгæрзтæ, бахъæудзысты йæ. Хъримаг хорз хъри- маг у, æрмæст фæстæмæ тынг цæвы, бафæдзæхс æй. Дардмæ рæстдзæвин у, чысыл, зæгъ, бæрзонддæр хъа- вын хъæуы... Ех, куыд æхситтгæнгæ дзы атæхы нæмыг! Тæхуды, куы ма йæ фехъусид лæг! Ех, карз хъысмæт! Мæ адзал афтæ уыди, нал мæ бауагъта цæрын! Дæуæн тæригъæд кæнын, ноджы тынгдæр та лæппуйæн, нырма æдых, æнахъом саби у. Иæ лæджы раны йæ куы фед- таин!.. Стæй — фæнды уæрдоны бын бахау! Цæй, цы уыд, уый уыд... Хæйрæджы хай ма бакæн, дæ хъус фæ- дар зианмæ, рохуаты йæ ма ныууадз! Уый фæстæ бирæ нал ахаста. Загъта йæ ныхас, къу- лы ’рдæм азылд, арф ныуулæфыд, æмæ ма иу хатт схъæрзыдта, лæг загътаид, уыцы хъæрзтимæ йæ игæртæ схаудтой, «хæрзбон» загъта æмæ хуыцауæн радта йæ рæстаг уд. Додой фæкæна, ды кæмæн уыдтæ æмæ ды кæмæьгнал дæ, мæхи Тедо! Уыдæттæ-иу иууыл æрымысыд Отараты идæдз, йæ цæсты ’сыг-иу сæрфта йæ фæдджийæ æмæ-иу нæ банцад йæ кæуынæй, нæ дæр-иу хæцæнгæрзтæ сæрфын ныу- уагътаид, цалынмæ-иу тæмæнтæ скалдтаиккой, уæдмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы цæсты сыгтæ-иу ничи федта, нæ сæ æвдыста йæхи лæппуйæи дæр. Нæ басаста йæ мойы фæдзæхст. Хæдзар дæр ба- вæрдта ;æмæ фæллоймæ дæр кæд æфтаугæ ницы бакод- та, уæд’æй цух дæр ницæмæй фæкодта, зæрдиагæй каст хæцæнгæрзтæм. Аудыдта зианыл дæр: цæмæй мæрдты бæсты йæ уд æнцой уыдаид, уын тыххæй йын æрвыл- хуыцаубон фыхта мæнæуы дзæрна æмæ мæнæуы лæ- хурд, æрвылафæдз та йыл аргъаугæ кодта. Йæ лæппуйы схъомыл кæныны тыххæй рауæлдай кодта ’иæ æвзонгад. Цыппар æмæ йыл ссæдз азы цы- Даид, йæ афæдздзыд лæппуимæ идаедз куы баззад, уæд. Уьщы бон дæрзæг цъæхбын хæдон æмæ сау къаба куыд скодта, йæ сæрыл сау кæлмæрзæн куыд ныккодта, аф- тæ нырссæдз азы дæргъы нал скодта хъæлдзæгдæр да- Рæс. Æниу æй бирæ курджытæ уыди, бирæтæ архайд’- 131
той Отараты идæдзы хæдзармæ бацæуыныл, фæлæ-^ сымах мын цæрат — не смой кодта, нæ æмæ нæ. — Стæй ма мæрдты бæсты мæхи цы цæсгомæй рав- дисдзынæн мæ лæгмæ, — дзырдта-иу идæдз. — Фæлтау йæ фæстаг бон баталынг уæд Отараты идæдзыл, цæй- нæфæлтау йæ хæдзармæ йæ чысыл Гиуæргийæн дыккаг фыд æрбауадза. Гъæ, йæ сабион бонты фæхъхъау ын фæуон!.. Дæ фыдыл гадзрахатæй рацæуон!.. Дæу фæ’- сайон!.. Фæлтау зæхх аскъуыйæд æмæ мæ аныхъуырæд. Айрæз, айрæз, мæ цæсты рухс, дæ цинæй бафсæдæд дæ мад амы бæсты, дæ фыд та — уымы бæстыКДæ рынтæ дын иууылдæр бахæрæд де ’намонд мад, мæ хъæбул! Афтæ-иу дзырдта æмæ-иу зæрдиагæй ахъæбыс код- та йæ нарст лæппуйы. V МАД ÆМÆ ФЫРТ Нæ радзырды райдиан цы рæстæгмæ хауы, уыцы рæстæджы Отараты идæдзы лæппу Гиуæргийыл цыди иу æмæ ссæдз азы. Уый уыди тыхджын, фидæрттæ конд лæппу. Иæ саулагъз нывыл конд цæсгомыл фæзынд сау- мил къуыбыр рихитæ æмæ сау зачъе, æмæ уыдонæй зынди ноджы рæсугъддæр. Бакастæй уыди зæрдæмæ- дзæугæ, зæрдæйæн æхцон æмæ ноджы хуыздæр уыда- ид, йæ егъау хъæрццыгъайы цæстытæ тызмæг каст куы нæ кодтаиккой, уæд. Иæ цæстыты тызмæг æнгас ыл но- джы бæлвырддæр зынди, йе ’рфгуытæ кæй баныхæсты- сты, уымæй. Уымæй иучысыл æвидыц зынди йæ цæс- гом дæр. Æнæзонгæ лæг-иу æй фыццаг хатт куы федта, уæд-иу бар-æнæбары йæ цæстæнгас иннæрдæм азылд- та. Фæлæ-иу цас лæмбынæгдæр каст лæг Гиуæргийы цæсгом æмæ цæстæнгасмæ, уый бæрц тынгдæр цыди йæ зæрдæмæ. Худгæ кодта стæм хатт, фæлæ йыл мидбыл- худт афтæ тынг фидыдта, æмæ йæм лæг кæсынæй не ’фсæсти. Уый уыди бæрзонд æмæ хæрзконд, фидар кæнд- тытæ лæппу. Уарзта сыгъдæг дарæс, æгæрыстæмæй ма къуыдип- пдзæф дæр уыди. Куы йын федтаис йæ зæнгæйттæ (сæ кæрæттыл хæрдгæ быдтæ хуыд), йæ хъулон цъындатæ æ’мæ йæ къæхтыл æнгом конд къоходзитæ, уæд дæ ба- 132
уырныдтаид, нæ хъæууон адæмы къахыдарæсмæ дæр Укæ& ис йæхи аив æмæ рæсугъддзинад. Базармæ-иу куы ацыди, уæд-иу адæм дзырдтой: —Йæ сины сæртыл ма нæ хæцы, æндæра æлдары фырт у æмæ у! Бирæ чызджытæ-иу сæ цæст æрывæрдтой Гиуæрги- йыл, бирæтæн сæ зæрдæты ныххаудта, сæ зæрдæ йемæ дзырдта. Фæлæ уый йæхи афтæ дардта, цыма никуы аэмæ ницы... Йе ’мкарæнты ’хсæн йæхи хибар дардта. Фæлæ-иу уæддæр куы сымбæлдысты, уæд-иу сæ кæддæриддæр фыццаг бынат раттын бахъуыди уымæн. Куысты йæхицæн æмбал нæ уыди кæмдæр æгас хъæ- уы. —Тиуæргийы иу дæстæг æнæхъæн куырис у! — дзырдтой-иу лæгтæ. — Бел-иу куы ныссагъта, бел, уæд лæг афтæ фенхъæлдтаид, зæхх йæ тæккæ астæуыл афæд- дзæни! Зыбыты иунæгæй-иу уæрдон арвмæ самадта æмæ-иу æй хæдзармæ æрласта, хуымæтæджы уæрдон нæ, фæлæ хоры куыристæ ласæн уæрдон. Хъуыддагмæ куы бавнала, уæд æй нал ныууадздзæн. Кусгæ кæны зæрдæбынæй æмæ йæ кæронмæ фæхæццæ кæны. Ноджы бирæ æндæр ахæмтæ дзырдтой хъæуы Ги- уæргййæ æмæ айхъуысти йæ куыстуарзоны ном. — Тынг цæрдæг, гæрзифтонг лæппу у, — дзырдта-иу йæ мад. — Куыстуарзон бæргæ у, фæлæ йæ дзæнæттаг фыды хуызæн æргомзæрдæ æмæ хъæлдзæг нæу. Иæмæ- гуыр фыд алцы дæр хъæлдзæгæй кодта, ныхдур" нæ зыдта; уымæн куыст æмæ минас иу уыдысты. Иæ лæп- пу дæр хъуыддагыл у афтæ æнувыд, зæрдиаг кусæг, зæрдæргъæвд, фæлæ стæм хатт йеттæмæ вæййы æрфыг- æлхынцъ, стæм хатт бахуды, æппынæдзух у тызмæг, тарæрфыг. Кæд ахæм уыди Гиуæрги, уæддæр йæ мады коммæ каст, йæ ныхасыл ын дыууæ никуы загъта. Иæ цæрæн- бонты йæ мады æвастæй ницы арæзта. Гиуæрги ныр кæд ас лæг уыди, уæддæр хæдзары хисдæриуæгкæнын- мæ нæ тырныдта йæ мады разæй. Æниу мад йæ лæппу- йы тынг уарзта, фæлæ йæм уæддæр хæдзарады рохтæ радтаид, уый зын зæгъæн у. Æниу цымæ хъæугæ дæр кодта? Иунæг нæлгоймаг дæр хæдзарадмæ афтæ нæ касти, Отараты идæдз æм куыд касти. Хъæубæстæй би- рæтæ хæлæг кодтой, мад æмæ, фырт кæрæдзи куыд Уарзтой æмæ куыд æнгом цардысты, уымæ. Мад сæ- 133
рыстыр уыди йæ лæппуйæ æмæ йын дунейы уый дзæ- бæхдзинад уынын æмæ уый тыххæй цæрыны йеттæмæ æндæр циндзинад нæ уыди. «Æз дæу дæн, дæу тыххæй мæхи нывондæн æрхæсдзынæн, дæу тыххæй кардæй дæр амардзынæн мæхи», — дзырдта-иу йæхимидæг идæдз, йæ лæппуйы-иу куыстæй æрцæйцæугæ куы фед- та, уæд. Бæлвырд афтæ уыди, фæлæ дунейы ницæйы тыххæй бакодтаид афтæ, цæмæй æцæгæлон адæм бафиппайдта- иккой, йæ лæппуйы афтæ æгæр кæй уарзы, уый. Æгæ- рыстæмæй йæ лæппуйæн дæр нæ хъæр кодта йæ зæр- дæйы æйкъарæнтæ. Æрмæст æм уый уыди, æмæ йæм кæддæриддæр кодта фæлмæн, рæвдаугæ ныхас. Иæ цæ- рæнбонты йæм никуы смæсты, никуы йын загъта иунæг æвзæр ныхас, æниу ын уайдзæфтæ арæх кодта, æмæ Гиуæрги никуы быцæу кодта йæ мадимæ, цыфæнды карз æфхæрд æй куы кодтаид, уæддæр. Афтæмæй та фæлтау йæхи мæлæтмæ дæр радтаид, цæйнæфæлтау ис- кæй фæндæй йæ сæрты маргъ дæр атахтаид кæнæ йæ къæхты бынты мæлдзыг абырыдаид. — Амæн æмæ раст у, — дзырдта-иу йæхимидæг Ги- уæрги. — Аххосджын æз дæн. Афтæ мын хъæуы. Иунæг цау дæр нæ хъуыды кæны Гиуæрги, зæгъгæ, йæ мад æй рæстæй æнæхъуаджы бафхæрдта. Йæ фæ- дзæхстытæ-иу ын куы бамбæрста, уæд-иу æй уадидæ- гæп бауырныдта, йæ мад раст кæй дзуры, уый. Уый сахуыр рæстдзинад хъусын æмæ йæхæдæг дæр уарзта рæстдзинад. Иæ маст-иу рахсысти, мæнгард æмæ-иу æнаккагдзинадыл куы сымбæлд, уæд-иу тымбыл къу- хæй хыл самадта. Сывæллон ма уыди Гиуæрги, уæдæй фæстæмæ йæ зæрдыл лæууы иу хабар. Уыцы хабар уæл- дай тынгдæр уымæн бадардта йæ зæрдыл, æмæ йæ ахаст йæ малы зæрдæмæ фæиыд, нæ йæм смæсты æмæ йæм нæ хæныди, кæд йæхæдæг афтæ æнхъæл уыди, уæддæр. Иуахæмы — уæд Гиуæргийыл цыдаид дæс-дыууадæс а?ы — иу лæппу йæхицæй къаннæгдæр лæппуйæ расайд- та роны æгънæджытæ. Къаннæг лæппу зæрдæхалæн куыд кодта, фæлæ йын сæ хистæр нæ лæвæрдта æмæ нæ. Гиуæрги æндæр лæппутимæ хъазыди уым æввахс кæмдæр. Фехъуыст æм лæппуйы кæуын, куы базыдта, гыцныл лæппу цæуыл кæуы, уый, уæд йæ чысыл зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта. Фæуагъта йæ хъазын æмæ йæхи ап- пæрста, роыы æгънæджытæ чибайста, уыцы лæппумæ. — Радт ын сæ! Цæмæннæ йæ уадзыс? 134
Егъау лæппу асхуыста æмæ абырста Гиуæргийы. Ги- -уæрги фæгæпп кодта æмæ йыл дур ныццавта. Уый та йæхи баппæрста Гиуæргийыл, абырста та йæ æмæ йæ райдыдта нæмын. Иннæ лæппутæ æрбауадысты Гиуæр- гийæн æххуыс кæнынмæ, рабынæй кодтой фыдуаг лæп- пуйы, байстой дзы æгънæджытæ æмæ йæ ахъаззаг фæ- надтой. Æгънæджытæ радтой сæ хицауæн, фæлæ Ги- уæрги фыдбылызы бахауд: йæ цæф фындзæй туг æн- хъызти, йæ сырх хæдоны æфцæггот зæу-зæу кодта гæп- пæлгай. Йæ мад сагъдау аззад, йæ лæппу тугæрхæм цæсго- мимæ скъуыдтæ хæдоны куы баздæхт хæдзармæ, уæд. — Цы кодтай, мæ хъæбул? Алæма фенон дæ, кæд дæ исты саст у? — Къупраты Тедо мæ фæнадта. — Цæмæн? — Тедо байста Монасаты Голайы роны æгънæджы- тæ. Хъуамæ йын сæ фæстæмæ байстаиккам æмæ фæхыл стæм. Абырста мæ, уый стыр у, æз та гыццыл. — Æмæ сæ байстат? — Байстам! — Æмæ сæ цы фæкодтат? — Радтам сæ Голайæн. Мады зæрдæ барухс, раирд сты йæ тарф æрфгуытæ. — Ма тæрс, гыццыл фæцъæррæмыхст дæ фындз, •сдынджыр уыдзынæ æмæ дæ ферох уыдзæн, — загъта мад йæ лæппуйæн. — Нæ мæ ферох уыдзæн. Куы сыстыр уон, уæд ын æз бацамондзынæн, хыл куыд хъæуы, уый! Мад æй йæ риумæ балхъывта. — Сыгъдæджы йæ фыд, йæ мæгуыр фыд. — Мæ зæр- дæдарæн! Дæ мад дын йæ уд куы радта, уæддæр ын уый амонд у, мæ цæсты рухс, мæ ахсджиаг! Афтæ загъта йæ зæрдæйы æмæ баззад йæ зæрдæйы. •Лæппуйæн кой дæр ницы скодта ахæмтæй. Æрыхсадта йын йæ цæсгом, бадзæбæхтæ йын кодта йæ дарæс æмæ хъæрæй загъта: — Кæсыс, мæ дзæбæх хъæбул, ноджы фæрæсугъд- дæр дæ!.. Ацу, мæ хъæбул, æмæ хъаз. Гола æцæг куыд- та? — Тынг. — Фæцин кодта æгънæджытыл? — Уайтагъд ныссабыр æмæ кæугæ дæр нал скодта. 135
Чысыл Гиуæрги топпы нæмыгау атахт йе ’мбæлт- тæм хъазынмæ. Мад касти æмæ касти йæ цырд згъорæг лæппуйьг фæдыл, стæй куы фæаууон, уæд загъта: — Гъæ, дæ фæхъхъау фæуон! Иæ фыд хорз лæг уы- ди æмæ нæдæр йæ фырт уыдзæн æвзæр. VI ÆРРА У ÆВИ ЦЫ? Гиуæрги рæзти æмæ йæм тынгдæр кодта уыцы зæр- дæйы хатт. Уый дæр, йæ мадау, никæмæн барста, нæ дæр хионæн, нæдæр æддагонæн, исты æвзæрдзинад-иу æм куы бафиппайдта, уæд. Уый тыххæй бирæты зæрдæ- мæ нæ цыди Гиуæрги. — Диссаг нæу, цы йæ хъæуы! Искæй хъуыддаджь? йæхи цы тъыссы? — арæх-иу дзырдтой хъæубæстæ. Бирæ фыдбылызтæ йыл цыди, ахæм зæрдæйы хатт ын кæй уыди, уый тыххæй, фæлæ уæддæр йæ кæнон код- та æмæ йæ нæдæр йæ мад иргъæвта. Ай-фыццаг æй — æдæппæтæй йыл дыууæ къуырийы дæр нæма цæуы — чысыл-ма бахъæуа хъæууон тæрхондон æрцахса æмæ- йæ скъæты бакæна. Йæ сæрмæ æрцыди цыдæр æнæсæр- фад æмæ æнахуыр хъуыды. Гиуæрги уыди хъæды сæнæфсиры хъилтæ кæнынмæ. Уым сымбæлди Омараты æххуырстыл. Хъæдмæ ’йæ ар- выстой уæрдоныл суг ласынмæ, уый та аууоны схуыс- сыд æмæ гъæйттæй хуыррытт фынæй кодта. Æмæ хъуыд- даг канд ууыл нæ уыди, фæлæ бавдæлд æмæ къамбец- ты уæрдæхтæй фидар ныббаста уæрдонмæ. Æнамонд. къамбецтæ бастадысты, уæрдоны цæстыты раз ныффæл- дæхтысты æмæ æнæбары сынæр цагътой. — Сыст, æфсымæр, æмæ суадз къамбецты, тæригъæд сты. — Æмæ дæу цы гуыбынниз хъæуы! — фæхъæр ыя кодта æххуырст, йæ цæстытæ æууæрдгæ. — Мæн ницы хъæуы, фæлæ къамбецтæ тæригъæд сты. — Æмæ дæуыл цы цæуы? (— Мæныл уый цæуы, æмæ мызд дзæгъæлы исыс. Зæ- гъæм, дæ хицауы сайыс, æмæ сайыс, фæлæ æгомыг фо- сæн уæддæр фæтæригъæд кæн, чырыстон нæ дæ?.. Уæр- 136
донмæ сæ ныббастай, мæгуыр сæ бон, æмæ фырæххор- магæй сæ тæнтæ бахаудысты!.. — Уæдæ сæ мæ сæрыл сывæрдтаин? —-Æмæ сæ сывæрдтаис! Æз дæуæн зæгъон, дæ гæ- бæр сæрыл не ссардтаиккой, цæуыл фæхизой, уый!.. Нæ уыныс, хъæды кæрдæг астæумæ куы у! Æлхæнын æйг куы нæ хъæуы, ауадз сæ æмæ иучысыл рахизой. — Уæдæ, ауадз сæ! Дзæгъæлы къæхтæ мын ис! Ауадз сæ, стæй сæ агурыныл мæ уд куыд аскъуыйа! — Ух, æдзæсгом цыдæр! Ничи дæ уыны æмæ дæ цæс- гом суагътай, нæ?! Æмæ хуыцауы раз та цы дзуапп ратдзынæ? Афтæ æнхъæл дæ, къамбец æгомыг фос у æмæ йын тæригъæд нæ хъæуы? Искæй кæй сты, уый цы хъауджыдæр у, дæ бæрны дын сæ куы бакодтой! — Дæу цы хъæуы? Куы нæ фахс дæ, куы нæ фæх- сынхъус! Дæ кусæг, мыййаг, дæн æви цы? — Гъæй, Гиуæрги дæлдзæх фод, цæйнæфæлтау дæ хуызæн лæджы йæхимæ æмгæрон дæр æруадза!.. Мæн куы уаис, уæд æнахуыйæн кæрдзыны къæбæр дæр дæ цæстæй нæ фенис. Сыст уæлæмæ дын куы зæгъыи! — Ныууадз... Цæрын дæ нал фæнды, æви? Цы тай- тай кæныс? Ацу дæ фæндагыл, кæд дæ дæ синтæ.. нæ~ хæрынц, уæд, æндæра... — Æндæра цы? Фæтæрсын мæ кодта, мæлæты маргъ. Сыст уæлæмæ дын куы зæгъын. Фæтæригъæд кæн æго- мыг фосæн... Æндæра уыныс мæнæ ацы хъил? — загъта йын Гиуæрги æмæ та йæ йæ къахæй басхуыста. Æххуырст йæ маст нал баурæдта, фæгæпп кодтаг йæ риу размæ бахаста æмæ Гиуæргийы раз æрлæууы- ди, цыма йын афтæ дзырдта: Цæй-ма, уæдæ, кæд лæп- пу дæ, уæд, ныццæв ма мæ, кæд лæппу дæ æмæ дæ сæ- рыл худ дарыс, уæд! Гиуæргийæн йæ зæрдæмæ фæцыди æххуырсты æх- сар, фæлæ йæ ныфс цæмæй уыди, уый не ’мбæрста. — Цæй, ныр цы чындæуа? — загъта йæхинымæр Ги- уæрги. — Ай кæд æцæг лæг у, уæд йæ куыст цæмæн пыууагъта æмæ фосæи цæмæннæ тæригъæд кæны, кæд. гсцæг лæг нæу, уæд афтæ æхсарджынæй цæмæн ралæу- Уыд размæ æмæ йæ риу цæмæн æрбахаста сæрыстырæй? — Кæд лæппу дæ, уæд ма мæм де ’нгуылдзæй дæр фæцагай! Æз дын фенын кæндзынæн! — зæххыл нал, хæцыд æххуырст. Уыцы æртхъирæн бахъардта Гиуæргимæ. Уал дæлæ^- Уæлæйы нал фæкодта, æххуырстмæ бауад æмæ йæм йæ 131
къах фæцарæзта. Æххуырст фæцудыдта, фæлæ йæ къу- :хæй зæххыл хъæддых фенцад, йæхи баурæдта, стæй цæр- дæг фестад æмæ Гиуæргийы риу фæцæф кодта. Гиуæр- ги фæстæмæ асхъиудта. — Ды хъазгæ куы нæ кæныс! — фæхъæр кодта Ги- уæрги, иуварс аппæрста хъилтæ æмæ йæм бацыд тым- был къухæй тохмæ. Гиуæрги йæ сулæфын дæр нæ ба- уагъта, афтæмæй йæ йæ сæрты раппæрста æмæ æх- хуырст зæххыл афæлдæхт. Афтæ зынди, цыма зæххыл йæ цæлхъ куы фæцыд, уæд ыл æндæдзгæ акодта, шоти торнейыл куыд андæдзы, афтæ. Иугæр зæххыл куы адæргъ, уæд æм Гиуæрги нал фæцагайдта. Фæлæ æххуырст дæр уыди æнæрцæф лæп- пу. Хъыг æм æркасти, кæй фæбынæй, уый. Æваст фæ- тæррæтт кодта æмæ Гиуæргийы æхсæрфарс ныдздзæхст ласта. — А-а, уæдæ афтæ кæныс? Гиуæрги йæ рабынæй кодта æмæ йæ надта уæдмæ, цалынмæ йын нæ балæгъзтæ кодта, цæмæй йæ ныууагъ- таид. — Цæугæ æмæ дæ хабæрттæ куы дзурай, уæд-иу мæн дæр ма ферох кæн! — загъта Гиуæрги. — Æниу хуы- цауæй нæ аирвæздзынæ ацы фосы тæригъæдæй. Æххуырст, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыддаг рахъаст кодта Омаратæн. — Цæмæн дæ фæнадта? — бафарстой йæ Омаратæ. — Уый бæрц суг, дам, цæмæн амайыс уæрдоныл? Хæнæ, дам, фосæн нæ тæригъæд кæныс, кæнæ дæхи- цæн. Æмæ, дам, сайдæй цæуыс адæмыл дæр. Чи зоны, зæгъы, дæуæн дæ бон у, фæлæ, дам, иниæтæн цæмæн- нæ тæригъæд кæныс, уыдонæй дæр, дам, уæд афтæ дом- дзысты! Уый адыл мæм хъил фелвæста æмæ мыл æй ныцъцъæл кодта... Дæ мæгуыр мад æмæ фыдæи дæр дын алывыд фæкалдта. Иугæр, дам, дын мызд фиды, уæд, дам, дын дæ уд хъуамæ сласа. — Фæлæу-ма, фæлæу, лæппу! Æмæ уæрдоныл афтæ Æирæ амад куы нæ уыди. — Æз дæр уый нæ дзурын! Дисы фæдæн, зæгъын, уыцы хуыцауы æлГъыстæн цы ауад йæ цæстытыл..- АЖ- тæ мæ хорз федта! Омараты лæгæн хъæубæсты ’хсæн йæ дзырд карста. Æгад æм æркаст, куыд, дам, йæ ныфс бахаста æмæ, дам, мын куыд фæнадта уыцы дзидзидай ме ’ххуырсты. Лæппуйы якодта, хъаст ын бадæттын кодта хъæууон Л38
тæрхондонмæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæхæдæг йæ фарс рахæцыд. — Æвдисæн дын ис? — бафарстой лæппуйы. — Отараты Гиуæргийы цæй æвдисæн хъæуы. Æз дæ- уяен зæгъон, гæдыныхас дын зæгъдзæн! — загъта чи- дæр. — Раст зæгъыс, — сразы йемæ тæрхоны лæгтæй иу. — Уый йæ дзырдæн хицау у, мæнг нæ зæгъдзæн. Хуыцаубоны фæсидтысты Гиуæргимæ. — Æцæг æй фæнадтай? — бафарстой йæ. — Æцæг. — Цæмæн? Гиуæрги хъуыддаг иууылдæр радзырдта, куыд уыди, афтæ. — Лæппу, æмæ дзы дæу цы хъуыддаг ис? — Мæн дзы уый хъуыддаг ис, æмæ ахæм æдзæсгæмт- ты тыххæй сæфы дуие! Лæг лæгыл нал æууæнды. Уый хуызæттæ хорз кусæджы цæсгом дæр сафынц. Иæхæ- дæг тарф фынæй кæй кодта, уый йæм фаг нæ фæкаст, фæлæ ма къамбецты дæр фидар ныббаста уæрдонмæ,— зæрдæ аскъуыдаид сæ тæригъæдæй! Уе знаг ахæм уавæры бахауæд, тæрхоны лæгтæ цы уавæры бахаудтой: Омараты лæджы зæрдæ балхæнын дæр сæ фæндыд — иу хатт нæ уæддæр фæхондзæн, зæгъгæ, — æмæ Отараты идæдзæй дæр тарстысты, — цы нæ йын бантысдзæн — суанг губернатормæ дæр ных- хæццæ уыдзæн! Стæй сæ Гиуæргийы бафхæрын дæр нæ фæндыди, æниу æххуырсты кæй фæнадта, уымæй «нæ» зæгъæн нæ уыди. Æмæ сæ бон нæ уыди, цы уынаффæ- йыл иыллæууыдаиккой, уый аскъуыддзаг кæнын: сæ зæрдæтæ сæм куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ, æви идæ- дзы тасмæ гæсгæ æви сæ Омараты зæрдæ балхæнын кæй фæндыд, уымæ гæсгæ. Уыцы зын уавæрæй тæрхондоны фервæзын кодта Омараты лæг йæхæдæг. — Æз хатыр кæнын Гиуæргийæн, — загъта Омара- ты лæг. — Иннæтæн сæ бар сæхи! Бæдæйнаг, лæппу$ хуыцауардыстæн, бæдæйнаг! — Хатыр ын кæныс!.. — фæхъæр кодта мæстæй æх- хуырст. — Зæрдæхæлд фæуыдзынæн уыцы хатырæй! Мæ- нæ ма мæ фæсонты дæр бафæрс, кæддæра уыдон та Цы зæгъынц! Æнæхъæн дзы ницы уал баззад, иууыл Цъæх афæлдæхтысты! — Цы дæ фæрсон, æнаккаг, дзæгъæлзад цыдæр? 139
Мæнмæ гæсгæ дын уый дæр цъус уыди! —дзуапп ын радта Омараты лæг. — Хуыцауыстæн, раст дзуры, — загътой тæрхоны лæгтæ, æмæ сраст кодтой Гиуæргийы. — Ацы лæг кæнæ æрра у, кæнæ хуыцауы минæвар* у зæхмæ, — дзырдта иу лæг иннæмæн, адæм тæрхондо- нæй куы райхæлдысты æмæ сæ хæдзæрттæм фæйнæ- рдæм куы фæцыдысты, уæд. — Æнахуыр диссаг! — Хуыцауыстæн, кæнæ йæм цыдæр хуыцауы комьь тæф ис, кæнæ фыдбылызджын у, — разыйы дзуапп рат- та иннæ. — Ибон дæр ма афтæ бакодта. Бежанашвилийы æх- хуырст уæрдоныл ссад æрбацæйласта сæ хæдзармæ. Кæмдæр уыцы хуыцауы æлгъыст уæрдон фæстæдзæг са- мадта, къамбецтæ хыр-хыр кæнынц — хурх сæ кодтой* дæлхъуырбостæ. Иæ цурты рацæйцыд Отараты Гиуæр- ги. Хъуыддаг куы федта, уæд уæрдонмæ багæпп кодта,. голджытæ раздæр баргъæвта æмæ уæрдон ацыд, куыд æмбæлы, афтæ. Æххуырстæн йæ сæр ныххафта æмæ- йын загъта: «Хуыцау дæ тагъддæр бакуырм кæна, нæ уыныс? Чысыл ма бахъæуа къамбецтæ ныххурх уой! Цы цæс- гомæй ма хъуамæ бацыдаис дæ хицаумæ». — Цымæ цы йæ хъуыддаг у? — Уæдæ, диссаг у, æндæр ницы! Уымæн афтæ загъ- тон: кæнæ æрра у, кæнæ хуыцауæй — арфæгонд. Йæ мад дæр афтæ æрра у. Бæрц ницæмæн зоны. Аф- тæ йæ фыд дæр — хуыцауы раз дзурæгау æй зæгъын — æнцой нæ зыдта, уымæ дæр дзы уыди... — Дзæгъæлы нæ дзурыиц: фен ын йæ фыды, фен ын* йæ мады æмæ сын базондзынæ сæ лæппуйы. Кæнæ стыр тæригъæды чи бацыд, ахæмтæ сты, кæнæ рæстаг æмæ< арфæйаг... Æнæрынцой, æппындæр никæй хуызæн сты!.. Хæдзармæ куы сыздæхт, уæд Гиуæрги æппæт уы- дæттæ радзырдта йæ мадæн. Идæдз дисы бафтыд: — Акæс-ма, дæ хорзæхæй, иуæй-иу хатт уыцы уы- рытæ дæр раст стæрхон кæнынц. 140
VII МАДЫ САГЪÆС Байрæзт, лæппупæг сси Гиуæрги. Иу æмæ йыл ссæдз азы сæххæст, фæлæ ус курыны хъуыды йæ сæрмæ цæу- гæ дæр нæ кодта. Уый Отараты идæдзæн хъыг уыди æмæ мæт кодта. «Цы йын кæнон? — хъуыды кодта ус. — Ус курыны хъуыддаг уæларвы лыг кæнынц. Æвæццæгæн, хуыца- уы нæма фæнды! Афон та йын уæвгæ у. Уый цахъхъæн лæппутæн сывæллæттæ дæр вæййы. Ех, мæ уæрджытыл мæ лæппуйы хъæбулы куы аузин, стæй мын фæлтау мæ къухтæ дзуарæвæрд скæнæнт æмæ мæ цæрдудæй баны- гæнæнт. Хъынцъым кодта, хъынцъым кодта æмæ æвиппайды йæ сагъæсмæ бафтыд ноджы æндæр сагъæс. Отараты адæдз бафиппайдта, а-фæстаг рæстæджы куыддæр йæ лæппуйы зæрдæйы хатт кæй раивта, уый. Гиуæрги но- джы тынгдæр фæтарæрфыг, тынгдæр йæхимидæг ацыд, йæхи хибар дардта æмæ æнкъард кодта. Æцæг ын иы- ры онг дæр хъæлдзæг зæрдæйы хатт нæ уыд, фæлæ йæ зæрдæйы хатты раивд уыди æнахуыр диссаг, афтæ зын- ди, цыма йыл цыдæр фыд æрцыд, фæлæ йæ зæгъын нæ уæнды. Куыстæй-иу æрыздæхт æрæгмæ, талынггæрæтты. Мæйрухс æхæсв-иу куы уыд, уæд-иу йæхи æруагъта нæууыл æмæ-иу æнцад, æнæдзургæйæ хуыссыд, йæ къух- тæ йæ сæры бын бакæнгæйæ. Лæмбынæг касти арвмæ, мигътæм æмæ афтæ зынди, цыма стъалытæ нымайы, кæнæ цыма истæмæй йæхи иуырдæм аласынмæ хъавыд, уыйау йæ хъус дары, мигътæ куыд згъорынц, уымæ. Æмæ нæ уыд йæ бон бамбарын мадæн, цавæр тых ыл фæуæлахиз, цы йæ бадомдта, цы йæ афтæ фенкъард кодта? — Хæдзармæ рацу, мæ хъæбул, бастадтæ, афтид зæххыл ма хуысс, исты зиан дын ракæндзæн! — загъта йын иуахæмы мад. — Ницы кæны, нана! Гыццыл-ма мæ бауадз аулæ- фын. — Фынæйафон у, мæ хъæбул! Тагъд бон æрбацъæх уыдзæн. — Ех, нана, иуæй-иу хатт лæджы хуыссæджы мæт Дæр нæ вæййы. 141
— Цæмæн, мæ хъæбул? — бафарста йæ мад æмæ йæм бараст. Æввахс æм куы бацыд, уæд ын загъта: — Гиуæрги, мæ хъæбул!.. Ау, лæппу, дæ мадæн нæ зæгъдзынæ: цы дыл æрцыд? Æз дæ мад дæн, дæ мад!.. Цыдæр маст дæ бацыд æмæ йæ нæ хъæр кæныс... Гиуæрги рабадти. — Нæ, нана. Афтæ уарзын мæйрухс æхсæв дуармæ. — Ныр дыууæ азы рацыд, афтæ дзурын куы рай- дыдтай, уæдæй фæстæмæ... Уæдæ раздæр цæмæннæ код- тай афтæ? — Ау, лæг иууыл иухуызон вæййы? Раздæр ахæм уыдтæн, ныр та ахæм сдæн. Кæддæр дзидзи дадтон, ныр> та кæрдзын æууилын. Æмæ уымæй цы? — Цы куы зæгъай, мæ лæппу, уæд-ма-иу хаттæй- хатт мæ зæрдæмæ ныккæс. — Кæсын, нана, кæсын, æмæ дзы уынын æрмæст мæ- хи. — Уымæй дын нæ зæгъын... Дзырдæн райсæм уыцы бон... — Кæцы бон? — Сæндон куы къахтай, уыцы бон. Бахастон дын хæринаг. Кæсын æмæ сæнæфсиры талаты ’хсæн дæхи æруагътай, æнцой кæныс белы хъæдыл, æрвдзæфау æдзыиæг кæсыс зæхмæ. Цымæ дæм цы хабар уыд? Уæд дæ ницæмæй бафарстон, фæлæ афтæ фæдæн, цыма мын мæнæ ам хъæдгом фæци. Мæнæ ам... — загъта Отараты идæдз æмæ йæ къух йæ зæрдæйыл авæрдта. — Ферох æй кæн, дзæгъæлы сагъæс кодтай! Цы* хъуамæ уыдаид? Бафæлладтæн, æмæ мæ фæллад уагъ- тон, — дзуапп радта лæппу. — Кæм хæтыдтæ дæ хъуыдыты? Джихæй лæууыд- тæ, хъуыдыты афтæ арф ацыдтæ, æмæ æгæрыстæмæй фиппайгæ дæр нæ фæкодтай, куыд дæм бацыдтæн, уый. Иу æмæ дæ дыууæ хатты нæ федтон: кусыс, кусыс æмæ æвиппайды адзынæг вæййыс. Иу æмæ дæ дыууæ хатты нæ федтон: æхсæвæрыл кæнæ аходæныл дæ дзыхмæ комдзаг сисыс, де ’фсæртæ дæр нæма базмæлынц, аф- тæмæй аджих вæййыс, цыма дæ исчи сæрсæфæны был~ мæ акæны æмæ дæ фесхойынмæ хъавы йæ къухæй. — Уый дæр рæстæг зоны, нана! — Æндæр ницы? — Чизоны æндæр исты дæр ма... — Хин дæр ма зоны, мæ къона, хин! Уыцы дзырд йæ зæрдæйы иннæрдæм ахызт Гиуæр,- П2
гийæн. Цæхæртæ акалдта, хъыг æм æркаст. Рæстмæ- иэер нæ бамбæрста, йæ мад ын хины кой цæмæн скод- та, уый. Фæлæ йæ зæрдæ фехсайдта, æмæ уыцы зæрдæ- хсайд йæ сæры магъзмæ бацыд. Цæмæ гæсгæ æрымысыд хин? — хъуыды кодта Ги- уæрги. — Кæд мыййаг... Йæ хъуыды кæронмæ нæ загъта. Йæ дзырдтæ йæ хъуыры ныббадтысты. Афтæ зынди, цыма æвирхъау та- сы ныххаудта, ахæм хъуыды йæм æрцæугæйæ, ома кæд ын йæ, зæрдæйы гуыдыр бакодтой, байгом ын кодтойг йæ зæрдæйы дуар æмæ йæм ныккастысты. Тарæрфыгæй йæ сæр банкъуыста, сыстади зæххæй, йæ мады цонг рæвдаугæ райста æмæ загъта: — Цом, нана, фынæй афон у! Дæуæй нæ фехъуы- стон, цымæ, нана: «Уæнгтæ ауадзын хорз нæу, тас мæ- лæтæн нæу æххуыс?» ^ —Уæдæ мæнæ уый дæр фехъус, мæ ахсджиаг: «Гæ- нæн æмæ амал куы нæ вæййы, уæд цыфæнды хъæба- тыр дæр йæ фæнд ныууадзы», — загъта мад. «Ныр цы кæнон? — хъуыды кодта Гиуæрги. — Куыд арф мын ныккаст мæ зæрдæмæ! Бамбæрста мæ æви æрмæст æнæнхъæлæджы афтæ загъта? Цымæ æцæг ра- зил-базил кæны рæстдзинады цурты, æви мæнæн мæ зæрдæ кæй æхсайы, уымæ гæсгæ дард цы у, уый æв- вахс æнхъæлын? Иæ фæнд, дам, ныууадзы!.. Цы ’нцон у йæ зæгъын!» Уыцы æхсæв-бонмæ идæдз хуыссæджы хъæстæ иæ фæци. Р1æ сæры магъз, æхсныфау, зилахар кодта, бон цы ныхæстæ æрцыд, уыдонимæ æмбаст хъуыдыты фур- ды., — Æнхъæл дæн, æндахæн йæ кæроныл фæхæсг дæн,1—хъуыды кодта мад. — Æнхъæл дæн, йæ фæд ын ссардтон. Афон дæр ын у, æмæ йæ амонд дæр афтæ амоны. Фæлæ мын цæмæннæ зæгъы, чи у? Ныр мадæн йæ зæрдæ æууылдта æрмæст уыцы са- гъæс, æрмæст уыцы мæт уыди йæ зæрдæйы. — Нæ тыхсы, æмæ уымæн, — йæхицæн ныфсытæ* æвæрдта мад. — Куы фæтыхса, уæд мын æй схъæр кæн- дзæн. Идæдз йæ цæстытæ бацъынд кодта, хуыссæг ыл уæд- дæр нæ хæцыд. Йæ иу фарсæй иннæмæ рафт-бафт код- та, фæлæ йæм хуыссæг æмгæрон нæ цыд. Æхсæв та æнхъæлмæ нæ каст, тагъд згъордта йæ фæндагыл. Цымæ йæ æцæг базыдтон? Æцæг сæмбæлдтæн фæ- 143.
дыл? — дызæрдыг удхарæй мардта Гиуæргийы мады. — Чи зоны, мæ зæрдæ кæй æхсайы, уый мæ фæрæдийын кодта, фæсайдта мæ? Цы загъдæуа? Адæймаджы зæр- дæ æнæбын уæрм у. Чи йын цы зоны?.. Чи зоны æз аф- тæ хъуыды кæнын, хъуыддаг та бынтон æндæр цыдæр у? Уæдæ цы у, цы, — фарста йæхи йæхæдæг æмæ йæ зæрдæ хъæрзыдта, дзуапп кæй нæ радта, уымæ гæсгæ. Æхсæв та цыди æмæ цыди. Æмбисæхсæвæй аивгъуыдта. Бæстæ æдзынæг уыди, æрмæст къуымы, кæрдзынæвæрæн чырыны фæстæ мыст хыбар-хыбур кодта. — Уæдæ цы у, цы!.. — дзырдта мад, хуыссæгхъæл- дзæгæй сфæлмæцгæйæ. — Кæд мæ исты бадома, уæд зермæст ацы сагъæс... Нæ мын схъæр кодта йæ хабар. Нæ мын дзуры мæхи Гиуæрги, нæ... Кæд йæ зæрдæйы исчи ныххауд, уæд æй цæмæн æмбæхсы? Цæмæн æй .æмбæхсы мæнæй! Фæлæ йыл кæд æндæр исты æрцыд, уæд та?.. Хуыцау ма радтæт йæ кой дæр. Æртæ хатты йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта, цыма уымæй цавæрдæр æндæргæй йæхи иргъæвта, уыйау. Æнафоны мæй та æрынцад хохы цъуппыл, цыма ас- хъиуынмæ хъавыд, уыйау. Стæй ныттылд, фæаууон. Æх- сæв фæцæйхæццæ кодта йæ кæронмæ. Тынгдæр ным- ^æйдари. Дуне тынгдæр ныхъхъус, ныггуыппæги, æр- мæст-ма мыст уæддæр хыбар-хыбур кодта чырыны фæ- стæ. — Дыууæ азы размæ райста хъримаг — амондджын уæнт йæ æвзонджы бонтæ, — цы дзæбæх ыл фидыдтой йæ фыды хотыхтæ! Ацыди æмæ æртæ бонмæ не ’рцыд хæдзармæ. Æз æм, ме ’дылы сæр амæла, æппындæр мæ хъус не ’рдардтон... Ныр мæ уыцы хъуыды сагъæсы баппæрста æмæ мыи мæ зæрдæ æхсыны... Цуаны, дам, уыдтæн. Уæд афтид армæй цæмæн æрыздæхт? Стæй дæр уый сагты мæй куы уыди!.. Мæ цæрæнбонты никуы федтон, æмæ уый цуанæй афтид армæй æрыздæха. Æп- пындæр дæлдæр нæ лæууы йæ дзæнæттаг фыдæй. Хуыз- дæр ма уæд, уый йеттæмæ æвзæрдæр ницæмæй у йæ фыдæй!.. Уæдæй фæстæмæ иууыл æнкъард вæййы. Уы- цы хабар мæ зæрдыл лæууы, нæ мæ рох кæны. Уæдæй фæстæмæ йын цыма йæ зæрдæйыл дур ныффæлдæхтæ- ,уыд, æмæ йæ бон нæу уыцы уæззау дур аппарын, уы- йау фæци. Кæд, мыййаг, искæй... Уæ, стыр хуыцау, уы- •мæй мæ бахиз! Чи йын цы зоны? Бирæ алыхуызон фыд- 144.
«былызтæ ’рцæуы ацы мæнг дунейы... Хуыцау, уымæй мæ бахиз... Пуй, æнæзæгъинаг!» Тарстзæрдæ мад æнæзæгъинагыл нытту кодта æмæ та æртæ хатты йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта, раздæры хъуыдытæ йæ уæддæр уæгъд нæ уагътой, тыхстысты йыл. Бон дзир-дзур байдыдта. Æхсæв бахоста боны дуар- Иугæр ын уыцы хъуыды йæ зæрдæ нынкъуыста, уæд хуыссæгхъæлдзæгæй фæлмæцыд æмæ зæрдæнизæй домд идæдзæн йæ бон нал æмæ нал уыди йæ зæрдæйы рисс бауромын, басабыр æй кæнын, йæ зæрдæ йæ коммæ куыд кастаид, афтæ бакæнын. — Хуыцау, баххуыс мын кæн! — бынтон зæрдæхæл- дæй дзырдта идæдз. Фæлæ-иу иу фыдбылызы хъуыды куы аппæрста йæ сæрæй, уæд та-иу ацахста æндæр хъуыды, ноджы тынгдæр мæт æфтауæг хъуыды. Хъуы- дытæ йыл æрхъула кодтой цавæрдæр æндæргтау. Æхсæв ахицæн дунейæ. Арвæмбæрзæны ’рдæг иу- æрдæм асчъил. Срухси. Æрвгæрæттæ цъæх адардтой. "Райсом дуар бакодта бонæн. Отараты идæдз бастад хъуыдытæй. Рæдзæ-мæдзæ кæны. Æвæццæгæн уыцы æнкъард хъуыдытæ йæ фæ- дыл цыдысты æмæ йæ æнцой нæ уагътой йæ фыны дæр, .амæн æмæ цалдæр хатты фæхъæр кодта: — Хуыцау, баххуыс кæн! Хуыцау, баххуыс кæн! VIII «ХЪÆБÆР ДУР ДÆР НЫММУР ВÆИИЫ»* Фæлæ дзы уæддæр хур нæ фæразæй. Цалынмæ хур хохы цъуппæй йæ сæр сдардта æмæ дунейыл йæ иунæг сыгъзæрины тæмæнкалгæ цæстæй ракаст, уæдмæ Ота- раты идæдз йæхи дæр ныхсадта æмæ йæ дарæс дæр скодта. Хæхтыл æртæх аппæрста. Хуры тынтæ йыл аны- Дзæвдысты. Æртæх мигъау сыстад æмæ афтæ зынди, Цьща хох уыцы судзгæ тымбылæджы раз буд судзы. Цымæ мыл цы ’рцыд дысон? — дис кодта Отараты идæдз. — Цымæ мын цавæр тых сбаста мæ уæнгтæ? Цы мæ ахаста? Фыдæвзарæнтæн, дам, фидар лæу, — дзырд- Шота Руставелийы поэмæ «Стайы цармдарæгæй». '• И. Чъавчъавадзе 145
та мын уыцы дзæнæты бадипаг. Фæлæ ма бавзар фи- дар лæууын! Æвирхъау у талынджы æрымбæхсæг фыд-' былыз. Фыдбылыз æргом, лæгæй-лæгмæ куы рацæуа, уæд ын лæг исты амал кæндзæн, фæлæ кæй нæ зоныс,. кæнæ цы нæ зоныс, уыимæ тох кæнын! Гъе, уый у, гъе, бæллæх... Саудалынг йæ нымæты батыхта мæ Гиуæр-1 гийы хабар. Уарзондзинад уа?.. Хуыцау æй амондджьт фæкæнæд... Фæлæ кæд æндæр исты у!.. Тæригъæд...1 Туг... Уадз æмæ æлгъыст дæ сæрыл æрцæуæд, Отара- ты идæдз, дæ сæрыл! Уæззау дурау дын дæ зæрдæйыл: ныффæлдæхæд, æмæ дæ цæргæ-цæрæнбонты уæгъд ма- уал суадзæд. Мауал дæ суадзæд, мауал, мауал!.. Æмæ та-иу фæстæмæ раздæхт, æхсæвы цæуыл хъуы- ды кодта, уымæ. Æппынæдзух-иу йæ зæрдыл æрбалæу- уыдысты, йæ лæппу кæдæмдæр куы ацыд æмæ мæтæй; йæхицæн бынат куы нæ ардта, уыцы æртæ боны. Иугæр зæрдæйы хъуыды куы ныххауы, уæд куыд- фæстагмæ, хохæй тулæг миты къуыбарау, иу кæнæ ин- нæ ссадвæдыл кæны егъауæй-егъаудæр, тæссагæй-тæс- сагдæр, æвирхъауæй-æвирхъаудæр... Куы нæ йæ бауро- май, уæд миты къуыбар зæй фестдзæн æмæ æппæт дæр- фæласдзæн йæ фæндагыл. Афтæ рауад Отараты идæ- дзы хабар дæр. Йæ хъуыдытæ иууылдæр æрымбырд. сты иу къуыбары, йæ лæппумæ цы уарзондзинад дард- та, уый уыцы къуыбары ратылдта, ныййарæг мады æцæг уарзондзинад кæм вæййы, уыцы бæрзонд хохæй. Цы хъуамæ фæлæууыдаид уыцы зæйы ныхмæ? Цыфæнды уарзондзинад дæр — мады уарзондзинад, уа æви æнæуый, уæддæр мæт æмæ тас æфтауы: адæй- маджы цæстытыл арæхдæр фæуайы фыдбылызтæ, цин- дзинæдтæ нæ, фæлæ, уæлдайдæр мадæн йæ уарзон хъæ- булы зæрдæйы цы сагъæс ныххауд, уый йæ бон раргом кæнын, бамбарын куы нæ уа, уæд. Мад афтæ æнхъæл уыд, зæгъгæ, йæ лæппу ма хуыс- гæ кæны. Цæмæй йæ ма сыхъал кæна, уый тыххæй ца- дæггай райста цъылын æмæ йæ къах-къухтыл рацыдиг тыргъ сæрфынмæ. Æмæ йæ дисæн кæрон нæ уыди, Ги- уæргийы æнгуз бæласы бын аууоны куы ауыдта, уæд. Кæддæриддæр куыд кодта, афтæ ныр дæр. Гиуæрги æнæзмæлгæ хуыссыди уæлгоммæ æмæ, йæ къухтæ йæ сæры бын бакæнгæйæ, касти æнгуз бæласы цъуппмæ, йæ бæрзонд къалиутæм. Цъæх арвыл, денджызы хъаз- тау, ленк кодтой хæмпус урс мигътæ, ленк кодтой æн- цой æмæ цадæггай, скъуыдтæ пирæнгæмттæй, цыма се 146
’мбæлтты агуырдтой, цæмæй семæ баиу уыдаиккой. Сæу- мæрайсомы арвы тæмæнтæ калæг фæлурсгомау бæлон- гъуыз уæрæх тыгъдад йæ æрфæнтæ дардыл байтыгъта уыцы рог ленкгæнæг къаннæг уазджытæн. Ныййарæг мад дæр ма афтæ фæрæвдауы сæумæрайсом йæ сывæл- лæтты æмæ сæ йæ уæрджытыл афтæ фæузы. Æндæр рæстæджы Отараты идæдзы ныхы æнцъылд- тытæ æмлæгъз уыдаиккой ахæм арвы, ахæм сæумæрай- сомы уындæй. Фæлæ ныр сагъæс æмæ мæты бацыд. — Сыстадтæ, цы, мæ хъæбул? Æз та афтæ æнхъæлд- тон, нырма фынæй дæ, æмæ дын дæ уатмæ дæр нæ ба- кастæн, зæгъын, куы дæ райхъал кæнон. — Фæлыгъд мæ хуыссæг, нана! Æз йæ фæдыл, уый уæддæр лидзы æмæ лидзы мæнæй. Мæ цæстытæ хуыс- сæджы цъынд нæ федтой. Æхсызгон мын уыди, кæй æр- бабон, уый, æмæ кæртмæ рацыдтæн. Мад æм æввахс бацыд, æрбадт йæ нывæрзæн, æмæ йын йæ ныхыл йæ къух æрхаста. — Гиуæрги, уæддæр ма афтæ... — Цæуыл сагъæс кæныс, нана? — Мæт, цыдæр мæт дын дæ риу æууилы, мæ лæппу, дысон дыл афтæ мæт кодтон, æмæ мыл хуыссæг дæр не ’рхæцыд. — Æцæг, æцæг, фынæйæ дæр дзырдтай, — афæл- вæрдта Гиуæрги ныхас æндæр истæуыл æрыфтауын, — æппынæдзух дзырдтай: хуыцау, бафæдзæхс! Хуыцау, бафæдзæхс!.. — Æз дзырдтон, мæ лæппу? — Ды, ды, нана! — Æз фынæйæ никуы фæдзурын. — Фæлæ афтæ уыди. — Хъалæй дæр æнæхъуаджы дзæнгæда нæ уарзын. — Æмæ хуыцауæн кувын æнæхъуаджы дзæнгæда у? — Кæй зæгъын æй хъæуы, афойнадыл куы нæ уа, уæд. Ау, хуыцау мæны йеттæмæ ницы мæт ис? Табу йæхицæн! — Цытæ дзурыс, нана? — Уый зæгъын, мæ хъæбул, æмæ хуыцау адæйма- джы сфæлдыста æмæ йын загъта: «Цæугæ ныр æмæ Дæхæдæг дæхи мæт кæн. Мæнæ дын цард æмæ цæр, куыд зоныс, афтæ. Цыдæриддæр дыл æрцæуа — дæхи аххос уыдзæн, мæ аххос-иу æй ма кæн. Æз, зæгъы, сæ- Рибар дæн. Фæлæ мæнмæ куы ссæуай, уæд уый æндæр ХъУыддаг у: æхсидгæ писийы денджызыл дын ауадздзы- 147
нæн æрдуйын хид, æмæ кæд сыгъдæг дæ, уæд ыл ра- хиздзынæ. Фарнамонд дæм февналдзæн, де ’нцой фæ- лæудзæн æмæ дæ рахизын кæндзæн». Нæ, дам, асæт- дзæн хид хорз лæджы уæзæй. — Фарнамонд рог у, тæригъæд та уæззау, — афтæ у, нана, и? — Гиуæрги цин кодта, зæгъгæ, йæ мады хъуыдытæ иннæрдæм ацыдысты æмæ архайдта, цæмæй йæ ноджы дарддæр аирхæфстаид, цæмæй зæронд хъуыд- дагмæ мауал раздæхтаид. «Хынцфарст та мæ куы рай- дайа!» — ахъуыды кодта Гиуæрги, æмæ йæ фæсонæр- хæджы дæр не ’рцыди, тæригъæды кой кæй скодта, уы- цы дзырдтæй йæ мад ахъаззаг зæрдæдзæф кæй фæци, уый. Отараты идæдз хъуыдыты ацыд, йæ лæппу тæри- гъæды кой кæй скодта, уымæ йæ зæрдæ фехсайдта. Йæ зæрдæ та йын басыгъта, кæуыл фæцайдагъ, уæгъдибар æй цы хъуыды нæ уагъта, уый. — Æндæр гæнæн нæй, мæ хъæбул! — дзуапп ын рад- та мад, мæтæй тыхулæфт кæнгæйæ. — Ацы мæнг дуне- йы æппæт дæр тох у — тæригъæд æмæ фарнамонды ’хсæн, æндæр мур дæр ницы. Ие ’ккой тæригъæд чи сы- вæра, уый уæззау у, здыйау, фарнамонд кæмæ ис, уый та рог у бамбулиау. Фæлæ ды æмæ тæригъæд... Цæмæн. скодтай тæригъæды кой? — загъта мад, йæ лæппумæ лæмбынæг кæсгæйæ: «кæддæра цы зæгъид?» Мады зæрдæ гуыпп-гуыпп кодта, йæ лæппуйы дзу- апмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, зылынджыны зæрдæ дæр мæлæты тæрхон расидынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ афтæ нæ фæгуыпп-гуыпп кæны. — Æнæтæригъæд чи у? Фæлæ стыр тæригъæды нæ бацыдтæн, хуыцау мын баххуыс кодта! — дзуапп радта лæппу. Æрынцад йæ зæрдæ. — Уæдæ цæмæн дæ дуарæхгæд, дæ зæрдæйыл гуы- дыр цæмæн сывæрдтай? Дæ мад куы дæн, æцæгæлон дын куы нæ дæн, мæ хъæбул, уæд дæм худинаг нæ кæ- сы! Сагъæс бахызт мæ зæрдæмæ æмæ йæ, уаллонау, æх- сыны æмæ æууилы. Фæтæригъæд мын кæн, мæ хъæбул, ма’ мæ мар! Гиуæрги цæрдæг фæгæпп кодта, цыма йæ быны зæх- хыл арт сирвæзт, уыйау. Йæ тызмæг мад никуы куырд- та фæтæригъæд кæнын. Отараты идæдз ницæмæ дард- та тæригъæд кæнын, фæлæ ацы хатт йæ æндон зæрдæ- йы хаттыл фæтых сты йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ. Мады 148
уарзондзинадæй тыхджындæр æппындæр ницы ис дуне- Гиуæрги бакасти йæ мадмæ... Иæ цæстытыл фæзынд цæстысыгтæ... Отараты идæдз куыдта, уæды онг æй иу- нæг хатт дæр никуы федта кæугæ. Чи зоны йæ федта, фæлæ йæ нæ хъуыды кодта. Гиуæрги дисы бафтыд, нык- кæрзыдта. Исчи йын æй куы радзырдтаид, уæд æй нæ бауырныдтаид. Æфсæйнаг тагъддæр бадон уыдзæн адæймаджы къухы хъармæй, фæлæ уæддæр йæ мад не скæудзæн, — афтæ æнхъæл уыди Гиуæрги. Хъыг уыди Гиуæргийæн. Хъуыста йæхимæ: æрцы- ди æви нæ рæстæг йæ зæрдæйы сусæг раргом кæнынæн? — Нана! — загъта боны фæстагмæ лæппу. — Зæгъ- дзынæн дын æй, фæлæ мæм ма фæхъыг у! Мæн фæнды дæу цы нæ бафæнддзæн, уый. Аргъуц дæ кæй кæнын, уый тыххæй ницы дзырдтон, фæлæ мæ бон нæу мæ фæн- дон басæттын, æниу ныр кæдæй нырмæ тох кæныи... — Циу, цы, мæ хъæбул? — бафарста йæ мад, йæ цæ- стытыл нал уыди цæстысыгтæ. Ныхас бацайдагъ хъуыд- даджы фæдыл. Отараты идæдз уайтагъд йæ хуыз аив-' та æмæ та сси зондæй архайæг сылгоймаг. Æххуырсты ныллæууын мæ фæнды. Фæнды мæ хæ- дзарæй æддæмæ ацæуын. — Цы загътай? Дæ фыды хуызæн лæджы лæппу æххуырсты хъуамæ бацæуа? Уый цы ’рхъуыды кодтай? Дæ фыд худинагæй иннæрдæм куы ’рзилдзæн йæ ин- гæны! — Гъе, раст уымæй тарстæн, нана. Тарстæн дæу фæ- хъыг кæнынæй. Ды дæр мын фæтæригъæд кæн, æз дæр адæймаг куы дæн. — О, фæлæ дæм цы рауад? Цы дæ нæ уадзы? Лæппу йæ сæр æруагъта æмæ ницы дзуапп радта. Мады сæры магъзы æрвæрттывдау ферттывта цыдæр хъуыды. — Кæмæ сфæнд кодтай æххуырсты бацæуын? — Иу, иунæг хæдзармæ. Кæнæ уыдонмæ, кæнæ ни* кæмæ. — Кæмæ? Зæхкусæгмæ æви æлдармæ? Ам, нæхимæ? — О, нæхи хъæуы. Арчилмæ мæ фæнды æххуырсты ныллæууын. «Акæса, дæ хорзæхæй», — ахъуыды кодта Отараты идæдз, цыдæр æм ферттывта талынджы, цымæ йын нæ* ма ссардта йæ фæд? Бæлвырд дзуапп нæ радта йæ лæппуйæн. Нæдæр 149
дзы Гиуæрги домдта уый. Афтæ зынди, цыма йæ не ’ндæвта уый: иууылдæр аныгъуылди цыдæр сусæг са- гъæсы. IX ÆНÆ ДЗУАПП УЫЦИУ-УЫЦИУ Арчил нырма æрæджы æрыздæхт Уæрæсейæ... Уым ахуыр фæци. Удæгас нал æрæййæфта нæдæр йæ фыды, нæдæр йæ мады. Уыдис ын æрмæст иунæг хо, чындз- дзон чызг. Хо æмæ æфсымæр цардысты иумæ. Мæгуы- рау бын сын нæ баззад сæ фыдæй. Сæ хæдзар уыди, Отараты идæдз кæм царди, тæккæ уыцы хъæуы. Зæхкусджытæ дзæбæх цæстæй кастысты хо æмæ æф- сымæрмæ. Кæйдæриддæр дзы бафарстаис, иууылдæр æмхъæлæсæй дзырдтой: «Хорз адæм сты». Отараты идæдз дæр сæ хорз йеттæмæ ницы федта, æмæ йæ рох нæ уыди. Арчил дæр æмæ йæ хо дæр бирæ цыдæртæ фехъуыстой идæдзæй æмæ-иу зæрдæбынæй худтысты, йæ диссаджы митæ æмæ ныхæстæ-иу сын исчи куы дзырдта, уæд. — Диссаджы хæрзæгъдау ус у ацы Отараты идæдз! — арæх-иу дзырдтой æмæ-иу ыл куы фембæлдысты, уæд-иу ын кад æмæ радæй салам радтой, фæфарстой-иу æй. Нæ зонын, ахæм салам Отараты идæдзæн æхсызгон уыди, æви нæ, уый. Æрмæст уый зонын, æмæ-иу хо æмæ æфсымæрæй исчи куы ’ппæлыди, уæд-иу кæддæриддæр йæ дзырд бафтыдта: — Уымæн æмæ сæм зонд ис. Гиуæргийы кой дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ фе- хъуыстой хо æмæ æфсымæр. Йæ митыл, йæ зæрдæйы уагыл ын дис кодтой. Сæ бон нæ уыди бамбарын, ома зæхкусæг адæмы ’хсæн куыд равзæрди, уый хуызæн зæрдæйы хатт кæмæ ис, ахæм адæймаг, — Бирæ цыдæртæ ис дунейы, мæ хæлар Горацио, нæ куырысдзаутæн сæ фæсонæрхæджы дæр цы нæ уыд, ахæмтæ, — дзырдта-иу Арчил «Гамлетæй». — Ууыл-иу фæци сæ ныхас, Гиуæргийы кой-иу сæм куы ’рхаудта, уæд. Уыциу-уыциу лæууыди æнæ дзуаппæй. — Гиуæрги дæ агуры, — загътой иуахæм изæры.Ар- 150
гщлаен. Арчил хуыссыди тæрхæгыл æмæ хъуыста йæ хо- мæ — цыдæр ын касти хъæрæй. — Чи Гиуæрги? — бафарста Арчил. — Отараты идæдзы лæппу. — Мидæмæ рацæуæд! Гиуæрги мидæмæ бахызт, йæ худ систа, къæсæргæ- роп æрлæууыд æмæ загъта: — Уе ’зæр хорз уа! — А, æгас цу, мæхи Гиуæрги!—зæрдæхæларæй йын дзуапп радта Арчил. — Куыдтæ цæрыс? Куыдтæ цæры дæ дзæбæх мад? — Нины нын у. Дзæбæх стæм хуыцауы фæрцы. — Хабæрттæ кæн... Æнæ хъуыддаг не ’рбацыдаис? — Дис уæм ма фæкæсæд, сымахмæ мæ фæнды ку- сып. — Ацу æмæ ма дис кæн. Цæмæн? Куыд? — Куыд уæ фæиды, афтæ: кæд уæ фæнды, мызДыл уæм кусдзынæн, кæд уæ фæнды, лæвар. Мæнæн уæл- дай нæу. — Цытæ дзурыс, дæ хорзæхæй? — бафарста йæ, æцæгдæр дисы бафтгæйæ, Арчил, — дæ хуызæн хæдза- ры хицау хъуамæ æххуырсты ныллæууа, — кæй хъуа- мæ бауырна. Кæнæ дæхæдæг нæ зоныс, цы дæ хъæуы, уый, кæнæ æз не ’мбарын, цы дзурыс, уый. — Æз хорз зонын, цы дзурын, уый, æрмæст мæ уæ хорзæх уæд. Хæдзары мæ бон нал у быхсын! Иучы- сыл дæр ма куы баззайон, уæд бабын уыдзынæн. — Æмæ дæ мад та? — бафарста йæ Арчилы хо, æмæ йæм йæ рæсугъд цæстытæй бакаст. — Мæ мад... Мæ мад, кæй зæгъын æй хъæуы, маст кæны, æхсин, фæлæ мын уый мæ фæнд нæ аивын кæн- .дзæн. — Кæд афтæ у хъуыддаг, мæхи Гиуæрги, уæд мах нæ фæнды дæ мады хъыджы бацæуын. Мах дзы стыр •аргъуц кæнæм, — загъта Арчил. — Ды мын æрмæст уый зæгъ: уæхимæ айсыныл мын разы стут æви нæ? Мæ мады хабар мæхи бар уæд. Уый ’мæ ныхмæ нæ лæудзæн, æз ын иунæг дæн. — Разы дæн зæгъыс! Иттæг зæрдиагæй. Кæм ссар- дæуыдзæн дæ хуызæн? Нæ дæ зонын, цы... Æрмæст мæ Дæ мады мæт ис. — Бузныг уæ дæн. Хорзæй баззайут. А-дыууæ боны -æрбацæудзынæн. — Мызд та? 151
— Кæд уæ фæнды — радтут, кæд нæ, уæд мæ нæ» хъæуы. Куы уын загътон — хъауджыдæр мын нæу. — Уый гæнæн нæй. Ууыл разы нæ дæн. Зæгъ, — цас дын радтæм? — Дæ бар дæхи. — Уый гæнæн нæй дын куы загътон; зæгъ. — Цы аккаг уон, уый мын радт. — Мæ цæсгомыл дæ зæрдæ дарыс? — Æмæ уый цы мæгуырау хабар у! — Æмæ ахæм хорз куы уай, æмæ дын аккаг аргъ куы нæ скæнон, уæд та? — Ницы кæны!.. Хæлар уын уæд, цы мын фæцух кæ- нат, уый. Нæ уæм фæхæрам уыдзынæн. Хорзæй баззай- ут. Гиуæрги сæ дыууæйæн дæр йæ сæрæй акуывта æмæ уайтагъд фæцæуæг. Хо æмæ æфсымæр кæрæдзимæ ба- кастысты. — Ай цы хабар у? — бафарста Арчил йæ хойы. — Нæ зонын, ма мын амæлай! Дис æфтауы мæныл дæр. — Æвæццæгæн æй æхцайы сæр бахъуыдис? — Æмæ æхца дæр куы нæ куры!.. — Уый дæр у. Фæлæ махæн нæ амонд у, уый хуы- зæн лæг кæй ссардтам, уымæй. Æрмæст Отараты идæ- дзимæ куыд бадзурдзыстæм, уымæн ницы зонын. — Уый æвастæй ма ахицæн кæн хъуыддаг, хæрз- æгъдау ус у, хъыгдарын æй нæ хъæуы. — Ма мын амæлай, йæ мады æвастæй Гиуæргийы мæ хæдзармæ уадзгæ дæр не ’рбакæндзынæн, кæд нын зынаргъ лæг у, уæддæр. Хо æмæ æфсымæр хицæнтæй бирæ фæхъуыды код- той хъуыддагыл, фæлæ сæ бон нæ баци уыцы æнæмбар- гæ фарст райхалын. X УАЙДЗÆФ У ÆВИ КЪÆЙНЫХДЗИНАД Дыууæ боны дæр нæма рауад уыцы хабæрттыл, аф- тæ Отараты идæдз бацыд Арчилтæм. — Мидæмæ, мидæмæ, дæ хорзæхæй! — фæдзырдта йæм Арчил дардмæ, куыддæриддæр Отараты идæдзыл йæ цæст схæцыд, афтæ. 152
Хо æмæ æфсымæр уыдысты кæрты æмæ егъау тута. бæласы бын цымдтой сæумæрайсомы цай. — Уæ райсом хорз уæд! — салам радта Отараты идæдз æмæ сæм æввахс бацыд. Арчил сыстад, радта йын йæ бандон æмæ йæм ба- хатыд цæмæй сбадтаид. — Дæ хорзæхæй, сбад! Къесо, натлиайæн цай ра- хæсс, — загъта Арчил йæ хойæн. — Цай цы мæ хъуыддаг у, цымут уæхæдæг, æз æнæ: уый дæр фæцæрдзынæн... Куыдтæ дæ, чызг? Дзæбæх, æнæниз куы уаис? — бафарста чызджы Отараты идæдз-. æмæ æрбадти бандоны кæрон. — Ницы нын у дæ куывтытæ æмæ дæ арфæты фæр- цы... — Æз мæхи тыххæй дæр нæ кувын хуыцауæн, зæ- хъын, цы йæ хъыгдарон, уæд ма сымах тыххæй кæм- кувдзынæн, — тызмæг загъта Отараты идæдз чызджьг ныхас фæуромгæйæ. — Гъæй, гъæй, ныууадз дæ митæ!—худгæйæ йыш дзуапп радта Къесо, йæхæдæг аив фæгуыбыр кодта æмæ йын йæ уæрджытæ æрцавта, йæ мидбылхудгæйæ,.. цыма æввахс хæстæджытæ уыдысты, уыйау. Отараты идæдз чысыл йе ’рфгуытæ фелхынцъ код- та, хъыг ын уыд. Уый ахуыр нæ уыд, æмæ йæм ахæм æвзонг чызг афтæтæ æвнала æмæ йæм афтæтæ дзу- ра, — цыма Къесо йæ карæн у. «Нырма йæ хъуымыз йæ былтыл нæ бахус», — ахъуыды кодта Отараты идæдз. Фæлæ уæддæр. Отараты идæдз бамбæрста, Къесо- йы кæй фæндыд, цæмæй йæ фæиппæрд кодтаид йæ иу- дадзыгои тызмæг ныхасæй æрмæст, афтæ, æмæ йæ куын- нæ фæхъыг кодтаид. — Зæрдæйы цы уа, æвзагыл дæр уый хъуамæ уа, цæмæн хъæуы рæстдзинад цурынфых кæнын! — фæсмон- гæнæджы ныхасы хаттæй загъта чызгæн Отараты идæдз. — Цæмæ гæсгæ уый зæгъыс? — Амæн æмæ ды фергъуыйау дæ мæ дзуаппæй æмæ дæ фæнды, цæмæй мæн бахизай. Гакъон-макъон фæн- дæгтыл дзæгъæлтæ кæныны бæсты раст фæндагыл цæ- уын хуыздæр у. — Хорз ус дæ, æрмæст æгæр тызмæг ныхас кæныс. — Ды дæр мæ цардæй куы фæцардаис, мæнау те- бæйы куы сфыхтаис, уæд ды дæр афтæ дзурис. Æниу 153,
æндæрхуызон дзурын хъæугæ дæр цæмæн кæны? Маст æмæ æнамонд фырдзырд æфтауынц адæймагыл.. Зæх- хыл маст куы нæ уаид, уæд адæймаг æппындæр нæ ба- -зыдтаид дзурын — ницæмæн хъæуы. Лæг хъæлдзæг куы уа, уæд цæмæн хъæуы дзырды сæр. Куыдз куы бацин кæны, уæд йæ къæдзил батилы æмæ фæци дзырд. — Е... е... е! Сымах, æвæццæгæн, чысыл фæстæдæр луртæ дæр райсдзыстут! — йæ ныхас баппæрста Ар- чил. — Отараты идæдз хъуыддаджы адæймаг у, уый дзæгъæлы дзæнгæдамæ не ’вдæлы! Раст нæ зæгъын, мæ мады хай? — Цæмæн? Хаттæй-хатт ныхас дæр хорз у. — Фæлæ нæм ды, æвæццæгæн, ныхас кæнынмæ не ’рбацыдтæ? Æвæццæгæн дæ исты хъуыддаг ис! — йæ ныхас баппæрста Арчил. — Раст зæгъыс, æнæ хъуыддаг не ’рбацыдтæн. — Дæ хорзæхæй, хъусын дæм. — Мæ лæппу Гиуæргийы сымахмæ фæнды æххуыр- сты ныллæууын. — Зонæм æй, фæлæ де ’вастæй ницы ссæрфад код- там. Мах дæуæй тынг аргъуц кæнæм, æмæ нæ нæ фæн- ды дæ хъыджы бацæуын. Уыцы хъуыддаг де ’вастæй не ’рцæудзæн. — Æз дæр ын радтон бар. Мæ лæппу фыццаг мæн бафарста. Хъыг мын уыди, фæлæ ницы уал пайда у йæ ныхмæ цæуын. Худинаг у — хорз бинонтæй у, хорз лæ- джы фырт у. Бæргæ мын у хъыг, фæлæ кæуынæн æрæ- джы у. Иæ фæнд ын аивтаин, уый мæ бон нæ баци æмæ йæ нал бакъуылымпы кодтон. Цы уа, уый уæд — æнæ- рцæугæ цæмæн нæй, уымæн фемгъуыйæн нæй!.. — Иугæр афтæ у, уæд ын мæхæдæг не сразы уы- дзынæн, — загъта Арчил. — Уый та куыд, лæппуйæн ахæм мад уа, æмæ йæ коммæ ма кæса! — Нæ, нæ!.. Сразы йын у. Æз мад дæн, æз ивгъуыд хъуыддаг дæн. Уый та, мæ лæппу — фидæны хъуыддаг. Æз фæивгъуыйын цардæй, уый та нырма ныртæккæ хи- зы цардмæ. Уымæн йæ царды бонтæ сты, нырма ауа- йын кæуыл хъæуы, ахæм быдыр, фæлæ мæнæн ныв- тонд цы уыди, уый рацыдтæн. Æз лæууын фæндаджы кæрон, уый та — райдианы. Мæ бон нæу йæ ныхмæ лæу- уын. — Фæлæ цæмæн, цы хъуаг у, кæд зæрдæмæ нæ цæ- уы, уæд? — бафарста Къесо. — Цæмæн хъæуы хъуагдзинады кой, хъуыддаг адæй- 154
магæн йæ фæндоныл у, йæ хъысмæтыл!.. Нырма æн- хъизгæ мачъари у. Æнхъизгæ мачъарийæн бамбæрзæн нæй, мигæнæн атондзæн. Уадз æй, йæ бар йæхи. Æз ын макæн нæ зæгъдзынæн, кæд йæхæдæг йæхицæн ма- кæн нæ зæгъы, уæд. — Цæй, хорз, дæ лæппумæ дын афтæ кæсдзынæн, знаг æм куыд батæхуды кæна! — загъта Арчил. — Уымæ нæ бацыбæл кæндзынæн. Уый йæхæдæг дæр иттæг хорз фæдардзæн йæхи, ахæм лæджы фырт у, — дзуапп радта Отараты идæдз. — Ех, бæргæ хуыз- дæр уаид, йæхи ахæм уавæры куы нæ æвæрид, уæд! Цæмæн хъуамæ уа искæмæ æнхъæлмæгæс? Цæй, цы ’рцыд, уый æрцыд!.. — Æмæ ныр ды иунæг кæй уыдзынæ, уый та? — ба- фарста Къесо. — Цæмæн иунæг? Мæ зæрдæмæ ма мын ныккæс, ба- нымай ма, кæддæра дзы цал лæппыны ис? Ф’аг сты ма- стæн дæр æмæ цинæн дæр. — Афтæмæй та афтæ дзырдтай, цыма гакъон-макъон фæндæгтыл хæтын нæ уарзыс, цыма иууылдæр ком- коммæ дзурын уарзыс. Нæ зонын, цы загъдæуа, — загъ- та Арчил æмæ йæ хомæ бакаст, цыма йæ фæрсгæ код- та, уыйау. — Цы загътон гакъон-макъон? Лæгæн цалынмæ йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ йæ бар сты, уæдмæ иунæг нæу: иунæгæн куыст у æмбæлццон æмæ æмбал. Цымæ цард лæгæн рæстæг дæтты, цæмæй иунæг уа? Æрмæст сымах хуызæттæн... Гъе, сымах иунæг стут... — Рæстдзинад дæ хъуыди æмæ дын уый та рæстдзи- над, — йæ мидбыл худгæйæ загъта Къесо йе ’фсымæ- рæн. — Отараты идæдзæн йæ дзырд туасæй хъауджыдæр нæу, — ’хъазæгау загъта Арчил. Фæлæ уый цæй хъазæн ныхас уыд!.. Арчил сыстад æмæ раст слæууыд, цыма йæ исчи фе- схуыста, уыйау; йæ къухтæ йæ дзыппыты нытъыста æмæ дыууæрдæм рацу-бацу кодта. Стæй бацыд Къесо- мæ, йæ разы слæууыд æмæ йæ бафарста уырыссагау: — Куыд æнхъæл дæ? Уый барæй уайдзæф у æви æнæбары къæйныхдзинад? — Раст зæгъыс, — дзуапп ын радта йæ хо дæр уы- рыссагау. — Кæд барæй уайдзæф у, уæд ахъуыдыгонд у, ницы зæгъæн ис йæ ныхмæ. Кæд æнæбары уайдзæф у, уæд уый рауади тызмæг зæрдæйы уагæй æмæ хъы- 155
гаг у. Фæлæ æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ барæй уай- дзæф у. Нæ зонын, бауырныдтой йæ æви нæ йæ хойы дзырд- тæ, фæлæ уый фæстæ Арчил æввахс бацыди Отараты* идæдзмæ æмæ йын æргои зæрдæйæ, хъæлдзæгæй загъ<- та: — Зондджын ус дæ, Отараты идæдз, зондджын ус!.. Иæ æгъдау куыд уыди, уымæ гæсгæ йын, чи зоны, æндæр хатт цæхгæр дзуапп радтаид, фæлæ ацы хатт ницы загъта. Уый фæстæ йæхимæ дæр дис фæкаст: «Цымæ мын цы бабаста ме ’взаг?» — хъуыды кодта Отараты идæдз. XI ДЫУУÆ ЦÆСТЫ Гиуæрги Арчилтæм æххуырсты цы бон цыд, уыцьг бон ын ахæм хъæлдзæг цæсгом уыд, æмæ Отараты идæдз цингæнгæ загъта: — Кæдæй-уæдæй йын йæ ныхыл æнцъылдтытæ нæ* федтон! — Цымæ æцæг цин кодта?.. О дæр æмæ нæ дæр. Уый уыди цыдæр «хурджын æмæ аууонджын» цин. Хур- джыи цин уымæн, æмæ Отараты идæдз цин кодта йæ лæппуйы циныл; аууонджын та уымæн, æмæ йын йæ* зæрдæ æууылдта мады сагъæс, рысти йæ мадæлон зæр- дæ — мæнæй кæй цæуы æмæ искæмæ кæй уыдзæн, ууыл цæмæн цин кæны? Хур æмæ аууон, рухс æмæ аууон, сагъæс æмæ цин æддæгмидæг хызтысты, кæрæдзийыл тыхстысты. Мад йæ лæппуйæн срæвдз кодта хъæццул, баз, го- бан, — сæ хæдзары хуыздæр цы уыди, уыдон, — иуы фæлыст мидæггаг дзаума, цухъа æмæ хæлаф лекъаг хорз тынæй, зæлдаг куырæт, йæхи быд дыууæ хъулон цъындайы, æрттиваг хæрдгæ быдæй фæлыст ног æл- хæд сæрак зæнгæйттæ, базары йын сæрмагондæй кæй барæхсын кодтой, ахæм къоходзитæ, уыдон дæр хæрд- гæ быдæй арæзт — ахæмтæ фæдарынц дæлæ, быдыры. Уыдон иууылдæр фыццаг батыхта къухæй конд нывæф- тыд тыны, стæй гауызы æмæ сæ уæргъбаст бакодта бæн- дæнæй. — Нана, нана, уый циу? — худгæйæ бафарста Ги- 156
уæрги йæ мады, уыдæттæ рæвдзгæнгæ йæ куы федта, уæд. — Фараст хохы æддæмæ мæ куы нæ ’рвитыс! Цæ- мæн мæ хъæуы уый бæрц дзаумæттæ? — Нæ, нæ, мæ хъæбул!.. Æнæ уый гæнæн нæй! Уадз æмæ зоной, ды æнæхæдзар кæй нæ дæ, фæлæ хорз хæ- дзары лæппу кæй дæ, уый. Уадз æмæ зоной, дæхи хæ- дзарæй кæй цæуыс, æнæхæдзар кæй нæ дæ, уый. — Æнæуи дæр мæ зонынц! — Фехъусынæй цæстæй фенын хуыздæр у. Уадз æмæ •сæ хъустæй цы фехъуыстой, уый сæ цæстæй дæр фе- ной! — Æгас хъæу мæ худæджы бын фæкæндзысты, ахæм уаргъ мыи ме ’ккой куы феной, уæд! — Худынæй лæг нæ мæлы. Хъусдарыны аккаг у, цы, æдылыйы худын! — Æгæр бирæ сты, нана, уанцон уаргъ нæу!.. Цыма чызг дæн æмæ мæ чындзы æрвитыс. — Чызг куы уаис, уæд афтæ æнцонæй нæ атæхис ’мæ къухæй. — Чызг æппын куы нæ баззайы йæ мад æмæ йæ фы- ды хæдзары. Чызг уымæн райгуыры, цæмæй ацæуа æмæ .æндæр ран йæхицæн сараза ахстон. — Уый раст у, фæлæ цалынмæ чындзы ацæуа, уæд- мæ уый у æнæбазыр цъиуы лæппын æмæ ныгъуылы йæ мады базырты бын. — Ау? Цъынили мæ нывæрдтаис, æви? — Уый нæ зæгъын, фæлæ чызг йæ амондмæ æнхъæл- ■мæ кæсы йæ хæдзары, лæппу та йæ æддæ агуры... Гиуæрги фæтарырфыг, ныхъуси, къуыммæ бацыд Æмæ разил-базил кодта исты агурæгау. Отараты идæдз фæфиппайдта, Гиуæрги йæ ныхас кæронмæ кæй нæ ахæццæ кодта, уый, фæлæ йæ æргом нæ равдыста. <Тæрсы мæ, йæ хабар ын куы базонон, уымæй!!> — ахъуыды кодта Отараты идæдз. Чысыл фæстæдæр та Гиуæрги æввахс бацыд йæ мад- мæ, æргуыбыр кодта йæ дзаумæттæм æмæ загъта: — Дæ дзырд уæд, нана! Ацæудзынæн ацы дзаумæт- тимæ! — Афтæ загъта, йæхæдæг æргъом йе ’ккой цæр- дæг баппæрста æмæ ацыди. Отараты идæдз бирæ, бирæ фæкасти йæ лæппуйы фæдыл, цалынмæ нæ фæаууон, уæдмæ. Афтæ зынди, цыма дзы æнæсыбырттæй куры, лæгъзтæ йын кæны, цæмæй йæм иу хатт уæддæр фæкæса фæстæмæ... Фæлæ 157
Гиуæрги фæстæмæ нæ фæкаст. Нынниудта мады зæр- дæ. «Иунæг каст дæр нæ фæкодта! — ныхъхъæрзыдта- мад. — Афтæ фæцæуы, цыма мемæ иунæг тагæй дæр- баст нæу! Иæхи рæмудзы æндæр кæмæдæр, раст æй цыма бæндæнæй ласынц...> Отараты идæдз куыд лæууыд, афтæ лæугæйæ баз- зад, йæ сæр æруагъта ныллæг, хæрз ныллæг, цыма цæф- фæци. Лæг загътаид, йæ бæрзæйы нуæрттæ иууылдæр аскъуыдысты, йæ бон нал у йæ сæр уромын, сæр æр- зæбули æмæ йæ роцъо йæ риуыл æнцайы. «Цæуы мæнæй! Маст кæнæ тæригъæды иунæг æр- тах æм уæддæр куы разындаид, исты йæ уæддæр куы фæзилын кодтаид фæстæмæ!.. Ау, ам ын æплын ницы баззад? Цæуы кæмæдæр, цнн кæны, йæ цæстæнгас у æрмæст размæ... Ау, æппæт дæр ын уым ис, алцæппæт дæр?» Ныхъхъæрзыдта та мады зæрдæ. Стæй Отараты идæдз йæ къабайы дыс райтынг кодта суанг йæ къухы æнгуылдзтæм æмæ æнæхъæн дысæй йæ цæстытæ асæрф- та. Иæхæдæг дæр нæ зыдта, цæмæн афтæ бакодта, уый- Æиæбары йын афтæ рауад. Йæ къух æм йæхæдæг фæ- цырд æххуыс кæнынмæ, цалынмæ йæ зæрдæйæ йæ цæ- сты сыгтæ фемæхстысты, уæдмæ, зæрдæйы цыма фæрс- гæ дæр нæ бакодта, — ома куы йын барæджы уа, бар ын нæ радта. Фæлæ цæстытыл нæ зынди цæсты сыгтæ. Кæцæй ра- тæдздзæн цæсты сыг пиллон суадзæг зæрдæйæ? Отараты идæдз æрбадт тыргъы бынхъæдыл. Иæ рæмбынкъæдзтæй йæ уæраджы чъиритыл æрынцад æмæ- йæ сæр æруагъта. Хъуыдыты аиыгъуылд Отараты идæдз... — Цымæ мад æмæ хъæбулы ’хсæн дæу у, мæн у цæ- мæн ис? — фарста Отараты идæдз йæхи йæхидæг. — Мад æмæ хъæбулы ’хсæн дыууæ цæсты цæмæн хъуамæ уа? Уæд та мадæн иннæ адæмау дыууæ цæсты куы нæ уаид... Æмæ йын иугæр ис, уæд дзы иу цæмæн кæсы йæхимæ, иннæ та йæ хъæбулмæ? Зæрдæ æддæмæ дыу- уæ цæстæй цæмæн кæсы, цæмæн? Иæ иу цæст куы фæ- кæсы, уæд иннæ цæмæннæ бакуырм вæййы?.. Чи кæмæн у, — ау, мад æмæ хъæбулы ’хсæн дæр ахæм фарст ис?.. Гъе, уæууæй, гъе, куы ис, куы! Кæмдæр, мад æмæ хъæ- булы ’хсæн дæр ис тох!.. 158
Бирæ фæзилахар кодтой Отараты идæдзы зæрдæ- #мæ сæры магъз уыцы хъуыдыты гуылфæны. Стæй цы- ма фæндаг ссардта уыцы гуылфæнæй рацæуынæн, уый- ау слæууыд æмæ хъæрæй загъта: — Нæ, мæ хъæбул, нæ... Ды мын амондджын у, ды! Уый йеттæмæ æз... Æз мæ цæст скъахдзынæн, æрмæст мын мæхи чи уыны, уыцы цæст æмæ цæрдзынæн, æр- мæст дæу чи уыны, уыцы цæстæй... XII ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ КЪÆРЦЦ Гиуæрги ныллæууыд æххуырсты. Тæккæ фыццаг бон æй Арчил сæндоимæ акодта. Арчил арæзта ног сæндон æмæ йæ фæндыди, цæмæй зæхх иууылдæр шахмæтты фæйнæгау ныддихтæ кодтаид чырынтæ гæппæлтыл æмæ дзы сæнæфсиры талатæ ныссагътаид раст рæнхъгай. Арæзт дзы фæци дыууæ рæнхъы æмæ дзы ныссагъта сæнæфсиры талатæ. Тынг йæ зæрдæмæ цыди Арчилæн афтæ чырынтæ-чырынтæ арæзт сæндон. Гиуæргийæн куы равдыста йæ ног сæндон, уæд æй сæрыстырæй ба- фарста: — Куыд дæ зæрдæмæ цæуы? Кæцæйфæнды йæм акæс, — уæлейæ уа, дæлейæ уа — алы ран дæр æмраст рæихъытæ. — Хорз у сæнæфсиры талатæ афтæ рæнхъæй са- дзын: хур сæм парахатæй кæсы, æмæ сæ дымгæ дæр æмхуызон узы. Ай размæ, æртæ, цыппар азы йыл цæу- дзæн, æз фехъуыстон, зæгъгæ, раст афтæ аразы сæн- дон иу æлдары фырт Къахеты. Мæ зæрдæ мæ æнцой не ’руагъта, цалынмæ йæм ацыдтæн æмæ йæ федтон, уæдмæ. Федтон æй æмæ мæ зæрдæмæ фæцыд. Йæ куыст дæр рæвдздæр у. Хорз у афтæ. — Кæдæй-уæдæй æгас хъæуы разынди иу лæг, æз цы аразын, уый йæ зæрдæмæ кæмæн цæуы! — Нæ, йæ арæзт мæ зæрдæмæ дæр нæ цæуы. — Цæмæннæ, лæппу? — Амæн æмæ ам къул у... — Уæу, мæнæ бæллæх! — фæурæдта йын йæ дзырд Арчил. — Куыд зыны, афтæмæй ды дæр, мæхи Гиуæрги, тынг бирæ не ’мбарыс. Хъуыддаг дæр уый у, лæппу, æмæ къул у, æмæ уымæй дæр тæккæ хурварс. 159-
— Æмæ уымæн нæ цæуы мæ зæрдæмæ? Хурæй хуыз- .дæр цы ис сæндонæн! — Уæдæ цы зæгъыс? — Ам, махмæ, Къахетау къæвдаджын нæу, стæй зæхх .дæр хус у. Махмæ сæндон донхæрæг кæнын хъæуы. Бар-æнæбары дæр æй афæдз иу хатт уæддæр донхæрæг кæнын хъæуы, науæд сæнæфсир не схæцдзæн. Райдиа- ны, цалынмæ сæнæфсиры тала фæфидар уа, уæдмæ та йæ ноджы фылдæр дон хъæуы... — Æмæ уымæй цы зæгъынмæ хъавыс? — Уый зæгъын, æмæ сæнæфсиры талатæ ацы къулы дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ æмраст рæнхъытæй куы ныс- сагъдæуа, уæд се ’хсæнты куыд хъуамæ рауагъдæуа дон? Дон уæлæмæ не ссæудзæн. — Уæдæ, дæумæ гæсгæйæ, афтæ садзын хъæуы, рæн- хьытæ уæлейæ дæлæмæ куыд цæуой, æмæ дон дæр уæ- лейæ дæлæмæ куыд згъора? — Афтæ куы сарæзтæуа, уæд, кæй зæгъын æй хъæ- уы, дон иттæг хорз цæудзæн, фæлæ уый дæр нæ бæз- :зы.. Куыдфæнды дæр куы рауадзай дон — къанауы æви æнæуый, уæддæр, æмуырдыг къулы дæлæмæ цæугæйæ, •сыджыт фæласдзæн, сæнæфсиры бæлæсты скъахдзæн сæ тæккæ уидæгтæм, уæлдайдæр бæрзонд чи уа, уы- дон. — Уæдæ цы бачындæуа, дæумæ гæсгæ? — Куыддæриддæр у, афтæ, æрмæст рæихъытæ æм- уырдыг ауадзын нæ хъæуы, фæлæ чысыл зулаив, цæ- .мæй дон дæр дзæбæх цæуа æмæ сыджыт дæр ма ласа. Акæса, къанау ног сæндонмæ цæугæ дæр иуфарсырды- тæй’ куы кæны! Ауадзын дæр æй мæнæ ардыгæй хъæ- уы,' иучысыл дæлæмæ зулаив. Науæд сæндонæн исты ахъаз уа, уый амал нæй. Ныр куыд у, афтæмæй та до- ны цæуын бахъæуид комкоммæ хæрдмæ. Куыд хъуамæ ссæуа? Акæс ма, дæ хорзæхæй!.. Арчил лæмбынæг фæракæс-бакæс кодта сæндоны зæхмæ, йæ алыварс фæзылд, йæ цæст ыл ахаста иуæр- дæм, иннæрдæм, фæлæ уæддæр Гиуæргийы хъуыдытæ аиуварс кæнын йæ бон нæ баци. — Æлдар, уый хæрз хуымæтæджы хъуыддаг у,— загъта Гиуæрги, Арчилы гуырысхогæнгæ куы федта, уæд. — Кæд дæ фæнды, уæд ныртæккæ рауадздзынæн дон æмæ бæрæг уыдзæн. — Нæ, нæ хъæуы, раст зæгъыс, мæхи Гиуæрги. Хорз у, æмæ рæстæгыл æрбацыдтæ, цалынмæ дзы дыууæ рæн- Ш
хъы йеттæмæ нæма ис сагъд æмæ хъуыддаг æнцон срастгæнæн у, уæдмæ. Æндæра — де знагæн дæр мæ бафæнддзæн ахæм рацыд... Хæрдзтæ дæр куыннæ, фæ- Лаз мæ зæхкусджытæ худæджы хай фæкодтаиккой. Æрбаздæхт хæдзармæ Арчил æмæ æппæт дæр ра- дзырдта йæ хойæн. Йæ хо бирæ фæхудти: фæхудын æй кодта, йе ’фсымæрыл æнæнхъæлæджы цы къæрцц сым- бæлд, уый. — Куыд дыл æрцыд ахæм хабар? — бафарста йæ Къесо, зæрдæбынæй кæл-кæл гæнгæйæ, фæлæ бацар- хайдта йæ худын фæлæмæгъ кæныныл æмæ йæ дыккаг хатт фæлмæн, хойы узæлгæ хъæлæсы хаттæй бафар- ста. — Куыд дыл æрцыд ахæм хабар? — Куыд куы зæгъай, мæ ахсджиаг, уæд кæддæрид- дæр æппæлой, æдылы къоппатыл куыд æрцæуы, афтæ! Исты куы бакæсæм чингуыты, уæд афтæ æнхъæл вæй- йæм, зæгъгæ, чысыл ма нæ хъæуы æмæ дунейы сусæг- дзинæдтæ иууылдæр базондзыстæм. Адæм чингуыты фæрцы кæй нæ базыдтой, дунейы бирæ ахæм цыдæртæ ис, æмæ уыдон иууылдæр зонын хъæуы, фæлæ мах нал зонæм, нæ алфæмблай цы ис, уымæ лæмбынæг кæсын. Нæ къухмæ чиныг куы ’рбаха- уы, уæд нæм афтæ фæкæсы, цыма чиныгæй дарддæр зонд базонæн никуыуал ис. — Æмæ дæуæн, дæуæн дæр афтæ æнæуынон сси чи- ныг? — Чиныг нæ, фæлæ мæхæдæг дæн мæхицæн æнæ- уынон. Хорз нæу æнæ чиныг, фæлæ хорз нæу алцæмæ дæр æрмæст чиныгмæ гæсгæ кæсын. Лæг æнæ чиныг цыбырзонд у, фæлæ æрмæст чингуытæй дæр æппæт ба- зонæн нæй. Мах нæхицæн æгадыл нымайæм, чиныг чи нæ зоны, ахæм фысдзарм кæрцджынтæм зонд агурын. Мах нæ уырны, алы æмбаргæ лæг дæр чиныджы хуы- зæн кæй у, уый... Алы æмбаргæ лæг дæр чиныг куы нæ зона, уæддæр арæх вæййы æмбисонды дæсны чиныг зо- нæгæн дæр. Раст нæу ахæм æнæввæрсон цæстæнгас... — Мæнг зондджындзинады фæстиуæг, — йæ дзырд баппæрста Къесо, йæ ныхас ын йæ мидбыл худгæйæ фæуромгæйæ. — Мæнг æмæ æдылы æнæввæрсондзинады фæсти- уæг, — бафтыдта ма йæм Арчил. П. И. Чъавчъавадзе 161
XIII НОГ ЦЪЫЛЫН_ХОРЗ МÆРЗЫ Куыддæр йæ ныхас фæци Арчил, афтæ сæм æрбай- хъуыст цæйдæр хъæлæба. Арчил уайтагъд ауади бал- къонмæ æмæ фæхъæр кодта, чалурийæ* чи рагæр-гæр кодта, уыцы лæггадгæнджытæм: — Цæй хъæлæба у? — Нæ зонын, æлдар! Скъæтæй цæуы! — дзуапп рад- та чидæр. — Цу-ма, базон æй, цы хабар у. Иæ бынатæй дæр ничи ма фезмæлыд, афтæ скъæ- тæй рауади бæхгæс. Уый згъоргæ-згъорын æлгъыста æмæ кæмæдæр æртхъирæн кодта йæ тымбыл къухæй, æвæццæгæн, йæ фæдыл чи цыд, уымæ. — Ай цы хуыцауы æлгъыст фестæм, æлдар! — фæ- хъæр кодта бæхгæс Арчилмæ. Арчил лæууыди тæккæ балкъонгæрон. — Цы ’рхаста ардæм уыцы хæтæг æмæ æнæхæдзары! Ахæм над мæ фæкодта, æмæ мæ мур дæр æнæхъæн ницы уал у! — Цæй хæтæг у, цæ! — Мæнæ ног æххуырст! — Гиуæрги? — Хæйрæг йæ зонæг — Гиуæрги хуыйны æви æндæр исты!.. — Цы хабар у? — Куыд цы хабар у! Сæндонæй куы ’рбаздæхтæ, уæд бæхæн йæ саргъ систон æмæ йæ йæ бынаты баба- стон скъæты. Уый дæр уайтагъд дæ фæстæ æрбахæц- цæ... Бакасти скъæтмæ, загъд самадта мемæ, фелгъыста мæ... Ралгъыстон æй æз дæр, уый мæ абырста... Ахæм над хшн фæкодта, æмæ мæ фæрсчытæ иууылдæр ны- цъæл сты. — Фæсидут мын Гиуæргимæ! — загъта Арчил. Чидæр æм суади лæггадгæнджытæй. Балкъонмæ ра- цыд Къесо æмæ æрлæууыд йе ’фсымæры фарсмæ. — Цы хабар у? — бафарста чызг. — Цæуылдæр фæхыл сты. — Чи кæимæ? — Гиуæрги æмæ бæхгæс. * Чалури — хъæмпæй агъуыст, лæггадгæнджыты цæрæндон æл- дары хæдзары. 162
— Цæуыл фæхыл сты? — Ницы ма йын зонын бæстон. Ныртæккæ æрцæу- дзæн Гиуæрги æмæ йæ радзурдзæн. Æрцыд Гиуæрги. Иæ куырæты дæларм уыди скъуыд ашæ йæ арæхстгай æмбæрзта. Дуармæ, балкъонмæ раз- гъордтой чызджытæ, лæппутæ, уыцы уысм хæдзары чи куыста, уыдон иууылдæр. — Хыл фестут? — бафарста Арчил Гиуæргийы. — На. Цы хыл кæнинаг мæ ис ацы лæджимæ? — Хъаст кæны, цыма йæ нæмгæ фæкодтай? — Нæмгæ йæ ракодтон, уый раст у. — Уæдæ уый хылæй фыддæр куы у! Цæмæн æй фæ- надтай? — Дæ бæхы дын афтæ, хидæйдзагæй бабаста. Скъæт- мæ куы бацыдтæн, уæд кæсын æмæ тæрхæгыл хуыссы æмæ лулæ дымы. Загътон ын: — тæригъæд нæу, хидæй- дзагæй йæ цæмæн бæттыс, иучысыл æй идадзæй уæд- дæр аралас-балас кодтаис æмæ йын чысыл йæ синтыл дон бакалдтаис. Кæннод бæх фесæфдзæн: кæнæ йæ фæ- сонты уазал бацæудзæн кæнæ йæ къæхтæ фæсахъат уы- дзысты. Уый та, цыма никуы æмæ ницы, дымы йæ лу« лæ æмæ дзуапп дæдты: «Æмбисонд афтæ у: «Дзæгъæ- лы куы ныхилай, уæд де стджытæ дæр æнæхъæн нæ баззайдзысты». «Ницы ныхилын, зæгъын, æмæ æнæ- хъæн дæр уыдзынæн». Бацыдтæн — хъуамæ бæх суагъ- таин, раластаин æй æмæ йын йæ хидæйдзаг рагъ донæй æрсæрфтаин. Уый мыл фæхъæр кодта: «Фесæф арды- гæй, дзæгъæлхæтæг!», æмæ мын мæ мады дæр фелгъы- ста. Уæд æм æз дæр смæсты дæн æмæ йæ фæнадтон. Мæ фыдæн дæр нæ ыыббарстаин мæ мады æлгъитын. — Æцæг афтæ уыди? — бафарста Къесо, балкъонæй Гиуæргимæ кæсгæйæ. — Гæдыныхас цы лæджыхъæд у!.. — Афтæ уыди, афтæ! — фæхъæр кодта родгæс къан- нæг лæппу, хылы рæстæджы скъæты чи фæци, ахæм, — раст афтæ уыди, æз уым уыдтæн. — Къесо, фен-ма, хæрдзтæ хыицæн чиныджы, цас æм цæуы æмæ рахæсс æхца. Къесо æнæ фæрсгæйæ бамбæрста, йе ’фсымæр кæ- мæй зæгъы, уый. Бацыди уатмæ æмæ уайтагъд раздæхт Дзуаппимæ: — Цæуы йæм фондз æмæ ссæдз сомы. Мæнæ æхца. Арчил райста æхцатæ, аппæрста сæ бæхгæсмæ æмæ фæхъæр кодта: 163
— Гъа, æфсымæр, цыдæриддæр дæм цæуы, уый. Хæ- лар дын уæнт, фæлæ дæ мæ хæдзары нал ныууадздзы- нæн... — Над дæр мæн фæцис æмæ мæсты дæр мæнмæ кæ- ныс? — Нырæй фæстæмæ зондджындæр у: æвзæр ми ба- кодтай, искæйы уæддæр ма ’фхæр хорз хъуыддаджы тыххæй. Арчил æмæ Къесо баздæхтысты уатмæ. Чызджытæ æмæ лæппутæ ацыдысты. — Кæй зæгъын æй хъæуы... ног цъылын хорз мæр- зы!—дзырдтой иуæй-иутæ æмæ худтысты ног кусæгыл. — Куы базæронд уа, уæд быронæй байдзаг уы- дзæн. — дзырдтой иннæтæ. — Нæ, нæ, уый æндæр мады лæппу у!.. Дзæгъæлы йæ нæ хонынц Отараты идæдзы лæппу. Фæлæ ахæм ныхас Гиуæргийæ загъта æрмæст иу- нæг, зыбыты иунæг адæймаг, æмæ уый дæр хъæрæй нæ, æрмæст йæ зæрдæйы мидæг. Уый уыди Арчилы куыройгæс зæронд лæг, æхгæд- зæрдæ, сабыр, мадзура æмæ йыл уый тыххæй иууылдæр уæлæхох уыдысты. Чи йын цы зоны, кæцæй æрхауд æмæ кæдæй нырмæ цæры ам, куыройы, иппæрд цардæй? Афтæ базæронд куыройгæсæй, æнæ бинонтæ, æнæ сы- вæллон, æнæ хæстæг, æнæ хион. Ничи йæ зыдта — чи у æмæ кæцон у... Кæддæр, кæмæдæр йе стъалы фæзынд иунæгæй æмæ ныр дæр афтæ иунæгæй; сабыр æмæ ца- дæггай фæцæйныгъуылд адджын æмæ искæй æнæхъыг- даргæйæ. XIV ÆНИУ ÆИ ЙÆХÆДÆГ ЗЫДТА? — Куыд дæм фæкаст уыцы хабар? — бафарста Ар- чил йæ хойы, уатмæ куы бацыдысты, уæд. — Æнæнцой зæрдæ йын ис, — дзуапп ын радта йæ хо, райдианы цыма уымæй аивдæр дзырдтæ нæ ардта, афтæ. — Канд уый нæ, фæлæ уымæн намыс ис, намыс!.. Искæй рис дæр, йæхи рисау, кæмæн у, ахæм лæджы стыр намыс. — Æгæрдæр ма стау уыцы чысыл хъуыддаг. 164
— Уый ма зæгъ. Хорз чысыл æмæ стырыл нæу. Хорз цы у, уый æнæуый дæр хорз у. Кæсыс, æнахуыр лæг у. уымæн йæ цæсгомæн разамынд кæны йæ зонд нæ, фæ- лæ йæ зæрдæ, æрмæст йæ зæрдæ. Мæнмæ гæсгæ уый стыр хъуыддаг у, уымæн æмæ ахæм намыс сывзæрди утæхсæн кæнынæй, адæймаджы æппæт туг æмæ стæ- джы, æппæт организмы дойныйæ, суазал уæвгæйæ, лæ- джы йæхи батавын куыд фæнды, уыйау, æнтæфы лæг сатæг уæлдæф куыд агуры, уыйау, æххормагæй йæ кæр- дзын ахæрын куыд фæнды, афтæ. Цалынмæ зонд зæ- гъа, цалынмæ зонд уынаффæ кæна, уæдмæ зæрдæ зо- ны, цы кæнын хъæуы, уый. Уый стыр хъуыддаг у, зæ- гъын, стыр. — Цы дам? Иæ мады йын кæй ралгъыста, уый йæм хъыг фæкаст, æндæр дзы куы ницы уыди! — Уый хъуыддагæн йæ кæрон у. Ды йын йæ рай- диан рацагур. Уый нæ бабыхста, бæхгæс бæхы æнæ- зылдæй кæй ныууагъта, афтæмæй æнæмæтæй кæй адæр- гъи, уый. Лæг нæ сыххæст кодта йæ хæс æмæ йæм Ги- уæргийы раст зæрдæ феххæлыд, нæ йæм фæлæууыд. Нæдæр бæх у йæхи, нæдæр бæхгæс дæтты дзуапп йæ разы. Нæхицæн æй куы зæгъæм, уæд æй цы хъуыди, цæмæн афтæ бакодта? Цæстмæ ми кодтаид? Хыл сæм куы нæ рауадаид, уæд хабар махы онг не ’рбахæццæ уыдаид. Бæхгæсмæ хæрам уыди æмæ йæм фыдæх цæ- стæй акастаид? Загъдкъахæн дзы кодтаид? Фæлæ цы маст хастаид, фыццаг хатт кæй федта, ахæм лæгмæ? Нæдæр иу æмæ нæдæр иннæ. Уый федта, хъуыддаг куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ рæзы, федта, уыцы хъуыд- даг сыххæст кæнын кæй хæс у, уый магусайæ кæй лæ- зæры, æмæ йын нæ ныббарста. Куыд дæ фæнды, афтæ зæгъ, фæлæ уый у адæймаджы уæздан миниуæджы стыр æвдисæн... Гъай-гъай, стыр æвдисæн. Ныр æмба- рын, ибон куыройгæс цы хабар радзырдта, уый дæр. Мæнæ быдырæй æрбацæйздæхгæйæ Буркъиашвилийы къамбецы куы ’рцахста æмæ йæ Къахуашвилийы дуар- мæ куы ’ркодта, дæ ног æвзæрд хуым, дам, дын ссæста. Æниу уый размæ дæр Гиуæргийæ хъуыстон ахæм ха- бæрттæ, фæлæ ам уæддæр хуыцауы раз тæригъæд рай- стон æмæ ахъуыды кодтон, зæгъын, æвæццæгæн, Ги- Уæрги исты маст хаста Буркъиашвилимæ. Ныр фæсмон кæнын, ахæм хъуыды мæм кæй фæзынд æмæ рæстаг лаегмæ мæ зæрдæ кæй фехсайдта, ууыл. — Хатыр дзы ракур, — зæрдæбынæй йын бауынаф- 165
фæ кодта йæ хо, йæ ныхæстыл ын бæстон куы ахъуыды кодта, уæд. Хатыр дзы афтæ ракурдзынæн, æмæ йæм æз ахуыр кæидзынæн, гъай-гъай, ахуыр æм кæндзынæн. Цы стæм мах уый цур!.. Уадз æмæ нын амона, уадз æмæ нæ хъо- мыл кæна... Арчил дыууæрдæм рацу-бацу кодта уаты æмæ хъуы- дыты аныгъуылд. Хъуыдыты ацыд Къесо дæр. Куыд мæнæн, чиныгкæсæг, афтæ уымæн дæр Гиуæрги уыди зын рахатæн. — Къесо! — Арчил йæ разы æрлæууыд æмæ загъ- та, — зоныс цы дын хъуамæ зæгъон? Мæнæ хæдзары раз цы дидикæгдон аразыс, уый тыххæй Гиуæргиимæ дæр æруынаффæ кæн. Æвæццæгæн, мæгуырау нæ уаид уыцы расыггæнаг немыцаджы бынтондæр ауадзын æмæ дыргъдон Гиуæргийы бæрн бакæнын. Зондджын лæппу у. Ды йын æй æрмæст æвдисгæ ракæн, уый йеттæмæ, æз æихъæл дæн, уый уайтагъд бамбардзæн, цы æмæ куыд саразын хъæуы, уый. Иннæ куыстытæ бонгай кус- джытæ бакæндзысты, иугæр сын Гиуæрги куы амона, уæд. Æвгъауаг у, кæй зæгъын æй хъæуы, уый хуызæн лæппуйы лыстæг хъуыддæгтыл фæстиат кæнын, фæлæ уал нырма афтæ уæд, стæй йын æндæр исты равзар- дзыстæм. — Иттæг хорз! — сразы йæ хо. — Æрмæст хъуыддаг афтæ у, æмæ нырма иууылдæр æрмæст гæххæттыл ныв- гоыд у, нæ зонын, мæ бон куы нæ бацæуа сæ бамба- рын кæнын. Цæй, æвдисгæ уал ын сæ ракæнон, кæддæ- ра сын исты рахатид æви нæ. Дыккаг бон Арчил рай- сомраджы ацыди йæ ног сæндонмæ. Сгæпп кодта йæ бæхмæ æмæ йæ фæзылдта, йæ къахæй фæцагайгæйæ, фæлæ уайгæ-уайын фæстæмæ фæкаст Гиуæргимæ æмæ йæм фæхъæр кодта йæ уæхсчы сæрты: — Макуыдæм ацу кусынмæ, Къесойы демæ хъуыд- даг ис. — «Къесойы»?!. Йæ зæрдæ бахъарм Гиуæргийæн. Раджы сыстад Къесо дæр, фæлæ цалынмæ рафснай- бафснай æмæ йæ дарæс кодта, уæдмæ дзæвгар рæстæг рауади. Уалынмæ Къесо фæдзырдта Гиуæргимæ. Гиуæрги иунæгæй куы февзæрд Къесомæ, уæд дзы цыма стыр тас бацыд, афтæ фæци, æвæццæгæн, фыр- 166
æфсæрмæй, æмæ диссаг дæр нæу: йæ цæрæнбонты æнæ- зонгæ сылгоймаджимæ иунæгæй никуы уыди. Къесо рагацау тæрхæгыл æрæвæрдта цалдæр хуы- зон ахуырст хахнывы. Уый уыди дидинæгдоны план. Къесо йæ систа цавæрдæр чиныгæй æмæ йæ йе ’фсымæ- римæ аивтытæ кодта, йæхи зæрдæмæ куыд цыд, афтæ. — Ардæм-ма рауай, Гиуæрги, æз дын мæнæ ацы план равдисон, — загъта Къесо Гиуæргийæн, фæлæ Ги- уæрги сагъдау баззад къæсæрыл. Гиуæрги йæ къах дæр нæ бавæрдта мидæмæ. — Уæуу, мæнæ бæллæх, цы мын бандзыг кодта мæ уæрджытæ, — ахъуыды кодта Гиуæрги. — Цы ’фсæрмы кæныс ног чындзау? Дæ къах раз- мæ райс, ма тæрс, хæргæ дæ нæ акæндзынæн. Гиуæрги дыууæ къахдзæфы акодта размæ, фæлæ уæддæр дæрддзæф æрлæууыди Къесомæ дæр æмæ гæх- хæттытæм дæр. «Ех, цымæ цæмæн афтæ ризын?» — дис кодта йæ- химидæг. — Цы дыл æрцыд, уæдæ! Мæнæ ам æрлæуу, æв- вахсдæр, — загъта Къесо ныр иучысыл мæстыгъуызæй. «Æввахсдæр»!.. Хаттæй-хатт æппæты цыбыр дзырд дæр лæгмæ даргъ фæкæсы. Гиуæрги йæ къах нал фезмæлын кодта. Æрмæст йæ къубал байвæзта æмæ куыддæр æнарæхст, дæрддзæ- фæй ныккаст гæххæттмæ. — Нæ хъусыс, æви? Æз сæ æввахсмæ дæр зынæй куы ’взарын, уæд дзы ды уырдыгæй цы фендзынæ, — йæ къубал æрбадаргъ кодта! Æввахс рацу дын куы зæ- гъып! Гиуæрги уæддæр йæ бынатæй нæ фезмæлыд æмæ нæ. «О-о, ай мыл цы пъыззы ныббадт! Хæйрæг мыл хæцы фæстæмæ æви мæ исты бардуаг нæ уадзы раз- мæ?» — дисгæнгæйæ йæхи фарста Гиуæрги. Къесо йæм нал фенхъæлмæ каст, йæ дысмæ йын февнæлдта æмæ йыл ахæцыд. Гиуæрги фæцудыдта, цыма йæ сæрмæ арв ныннæ- рыд, уыйау. Æвæццæгæн, йæ къах истæуыл скъуырдта. — Цы кæныс? — бафарста йæ Къесо. — Ницы. Æвæццæгæн, мæ къах истæуыл фæхæ- цыд, — загъта Гиуæрги, фæлæ йæхимидæг ахъуыды кодта. Исчи мын мæ къахы нуæрттæ лыг акодта, æви Ды ’рцыд ме ’намонд сæрыл!.. — Мæнæ, кæсыс, — загъта Къесо Гиуæргийæн, йæ 167
фарсмæ йæ куы ’рлæууын кодта, уæд, гæххæттмæ æр- кæсгæйæ, — зоныс, хæдзары раз ныллæг æмбонд кæ- уыл ис, уыцы фæз? Мæнæ уый у. Ныр, мæхи Гиуæрги, уыцы ран сараздзыстæм иукъахвæндæгтæ, мæнæ аф- тæ куыд иу кæной æмæ мæнæ афтæ куыд хицæн кæ- ной. Фæндæгтæ астæрд уыдзысты агуыри дуры цъæл- тæй. Фæндæгты ’хсæн саразын хъæуы къаниæг хуымтæ дидинджытæн, мæнæ ам куыд у нывгонд, афтæ. Хуым- ты байтаудзыстæм алыхуызон дидииджытæ. Иæ астæу ын уыныс? Ардыгæй... — Æппындæр ницы уынын! Дæ фæхъхъау фæуон, ауадз мæ, зæгъ, æмæ æндæр хатт æрбацæудзынæн, — загъта Гиуæрги лæгъзтæгæнæджы хъæлæсæй æмæ æд- дæдæр алæууыд К/ьесойæ. — Цыдæр кæнын, мæ цæсты- тæ баталынг сты. Нæдæр уынгæ кæнын, нæдæр хъус- гæ кæнын. Ауадз мæ, хуыцауы хатыр бакæн! Къесо Гиуæргимæ бакаст, æмæ федта, æцæгдæр нæ- дæр йæ хуыз йæ бынаты уыди, нæдæр йæ чеппыл уы- ди. Ауагъта йæ Къесо æмæ йæхимидæг ахъуыды код- та: — Зæрдæниз ыл сымбæлд, æви йыл цы ’рцыдаид! Æниу æй Гиуæрги йæхæдæг зыдта цы йыл æрцыд! XV АЛКÆМÆН ДÆР ЙÆХИ ЗÆРДÆЙЫ УАГ ИС Уый уыди марты райдианы. Аивгъуыдта март, аив- гъуыдта рæсугъд апрель, аивгъуыдта ноджы уымæй рæ- сугъддæр май. Ралæууыд июнь, дидинæг рафтыдта æмæ тынг рæсугъд фидыдта Къесойы дидинæгдон. Уый уы- ди афтæ аив, афтæ рæсугъд, афтæ æрттывтой дидин- джытæ, сæ алыварс сырх къахвæндæгтæ кæмæн зылди, уыны цъæх-цъæхид къултæ, æмæ йæм цæст кæсыиæй не ’фсæсти. Афтæ зынди, цыма ам ерыс кæнынц хъо- мысджын æрдз æмæ адæймаджы куыстуарзон къухтæ: кæсут, кæддæра махæй чи хуыздæр сфæлындзид æмæ сфидауын кæнид ацы дидинæгдон. Афтæ зынди, цыма æрдз дæр æмæ адæймаг дæр, сæ тыхтыл нæ ауæрдгæ- йæ, ам райтыгътой сæ генийы хуыздæр лæвæрттæ иу- Уылдæр. Къесойы цинæн кæрон нæ уыди, йæ рагон бæллиц афтæ хорз, афтæ рæсугъд кæй сыххæст, уый тыххæй. ^ 168
Æрвылрайсом дæр, цалынмæ фæсрагъ хур скæсы æмæ* митсæр хæхты цъуппытæм йæ сыгъзæрин тынтæ сара- зы, уæдмæ Къесо йæ къаба йæ уæлæ акæны, разгъорьр дидинæгдонмæ æмæ уым баззайы суанг изæрмæ æв- вахс. Суанг изæрмилтæм дæр-иу не ’рхъуыды кодта, хæдзармæ цæуынæн дæр афон кæй у, уый. Бон-изæрмæ- иу ратæх-батæх кодта ирд дидинджытæ æмæ цъæх кæр- дæджы ’хсæнты æмæ цин кодта алы дидинæгыл, алы ног талайыл, алы дидинæджы ног къуыбырыл. Йæ цу- ры-иу куы ничи уыди, уæд-иу зæрдæрайæ фæлмæн ны- хас кодта райхæлгæ дидинæджимæ, афтæ-иу зынди,. цыма райхæлгæ дидинæг кæй æфтауы, ууыл. Зæрватыкк дæр ма афтæ фæцъыбар-цъыбур кæны йæ лæппынтæн’ цыдæртæ. Фæлæ дидинæгдоны йæхи йеттæмæ мачи уыдаид^. уый хæрз стæм хатты йеттæмæ никуы уыди: Гиуæрги уым уыди æмæ уыди! Цыфæнды раджы-иу куы рацы- даид дидинæгдонмæ, уæддæр-иу уым раййæфта Гиуæр- гийы куы æд къæпи, куы æд бел, куы дыргъдонгæсы кардимæ. Гиуæрги дидинæгдон снывæзта, Къесо æмæ йын Ар- чил куыд бацамыдтой æмæ йын куыд уынаффæ кодтойг афтæ. Дидинæгдонмæ хъус дарын дæр бакодтой уый хæс. Æнхъæл дæн, æмæ йæ дыууæ цæсты дæр афтæ нæ хъахъхъæдта, уыцы дидинæгдон куыд хъахъхъæдта æмæ йыл куыд аудыдта. Æгæрыстæмæй рыг абадын’ дæр нæ уагъта нæдæр кæрдæджытыл, нæдæр сыфтæр- тыл. Арчил æмæ Къесо тынг райгонд уыдысты Гиуæрги- йæ, иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтой, зæгъгæ, ацьг лæг кусы, дыууæ-æртæ лæджы цы кусынц, уый. Нæдæр Гиуæрги хъаст кодта йæ хъысмæтæй. Уый: нæ, фæлæ ма йыл цин дæр кодта. — Цы ма мæ хъæуы æндæр, — дзырдта-иу йæхи ми- дæг, — хъуыдыты-иу куы ацыд, уæд. — Ныиттæг мыл вæййынц, цас, дам, домыс мызд. Цæй мызд мæ хъæуы!.. Æрвылбон хур кæй уынын мæ цæстытæй, мæнæн уый- Дæр æгъгъæд у. Уымæй цы фæндыди Гиуæргийы зæгъын, уый зынг базонæн у. Бæрæг у æрмæст уый, æмæ-иу дидинæгдо- ны куы куыста æмæ-иу хъæлдзæг куы уыди, уæд-иу ныллæг хъæлæсæй зарыд уыцы иу зарæг: «Ацы дуне* мæ уымæн хъæуы, цæмæй дæумæ кæсон, мæ хуры хай»,, цыма æппындæр æндæр ницы зыдта, цыма йын æндæр 169?
ницы уыди, цыма йæ æндæр ницы æндæвта дунейы. Дзæгъæлы нæ акæнынц: алкæмæн дæр йæхи зæрдæйы уаг ис!.. XVI чи зоны Рауади ма ноджы дæр бонтæ æмæ мæйтæ. Ралæу- уыд бæркадджын фæззæг. Хъæуы райдыдтой быркуы- тæ æмæ сæндуцæн бæлæгътæ æхсын, сыгъдæг кæнын. Бурбын урс сæнæфсиры дзаджджын цупæлттæ, дзеды- ры нæмыгау сау саперави*, сæнæфсиры зад цупæлттæ ^сидтысты сæндæтты хицæуттæм: фæтындзут, срæгъæд -стæм, æндæра фегæр уыдзыстæм æмæ азгъæлдзыстæм. Æртыдтой сæндæттæ, æрдыгътой сæн, се ’нхъизы- нæй ныллæууыдысты мачъаритæ. Ныссабыр сты хъæуы, хæрз æрæджы дæр ма сæн- дуцджытæ, кæрæдзи къухыл хæцгæйæ, бæрзонд хъæ- -лæсæй цы зарджытæ кодтой, уыдон. Йæ рæстæг фæци хъæлдзæг мачъроба** æмæ ныхъуси, цыма бафæллад, *бастад, уыйау. Йæ тæмæны бацыд фæззæг. Сæндæттæй хæдзæрт- тæм хъыс-хъыс гæнгæ æккуырстысты холлагæй ахъаз- заг амад уæрдæттæ. Хъæу тындзыдта фосæн зымæгмæ сæндæттæй хæдзæрттæм холлаг ласыныл — тарстысты, мит сæ куы æрыййафа, уымæй. Арчил дæр цыппар уæрдоны сифтындзын кодта, хос ласта æмæ йæ амадта кæрты, скъæтмæ æввахс цыппар цæджындзыл бæрзонд æвæрд холлагдоны, цæмæй йæм ’фосы дзых не ’ххæссыдаид æмæ йын ма знаггад код- таид. Хур иæма аныгуылд æмæ фæсхохмæ нæма ныттылд; :хохы цъуппыл йæ цыд фæсабыр кодта æмæ æрынкъар- .ди, — цæмæн тагъд кæнын афтæ раджы, цæмæн хицæн кæнын. Ахæм æнцад, сур, æнæртах, æнæмигъ фæззыгон .дзæбæх изæр уыди, æмæ цæнкуылы дæр сыстын код- •таид æмæ йæ дуармæ рарвыстаид. Арчил æмæ Къесо рацыдысты хæдзарæй, ныххыз- * Саперави — сырх сæнæфсиры мыггаг. ** Мачъроба — сæн ног дыгъдæй, æнхъизгæйæ куы фæнуазынц, уыцы рæстæг. Л70
тысты холлагдонмæ, æрбадтысты иу стыр къодахыл яемæ кастысты, кусджытæ хос куыд амадтой, уымæ. Арчил бирæ уарзта кусджытимæ абадын, семæ аны- хас кæнын, хаттæй-хатт ахъазын дæр. Иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдта Къесойæн, зæгъгæ, æз уыдоныл ахуыр кæнын æвзаг, хаттæй-хатт зонд дæр. Холлагдоны цыппар фисыны уыди цыппар уæрдо- ны. Æртæ дзы равдæлон, цыппæрæмæй калдтой хос. Цъынайы хъил дыууæ адлийæ фылдæр уæлæмæ нæ зынди æмæ цъына куыд уæлæмæ нарæгæй-нарæгдæр кодта. Уыцы уысм, йæ къæпи йæ уæхскыл, афтæмæй æрба- цыд Гиуæрги. — Бетъре, о, Бетъре! — фæхъæр кодта дардæй хос амайæгмæ. — Цъынайы цъупп фæкъул дыргъдоны ’рдæм, раст æй нæ амайыс, бараст кæнын æй хъæуы! Хорз нæу! — Гиуæрги! Кæцæй хъæр кæны? — бафарста Арчил. Гиуæрги кæцырдыгæй æрбацæйцыд, уым йæ разы лæу- уыд уæрдон æмæ иæ уыдта Арчил æмæ Къесойы, нæ дæр уыдон уыдтой Гиуæргийы. — Кæцæй цæуыс æд къæпи, — бафарста Арчил, Ги- уæрги æввахс куы бацыд æмæ хо æмæ æфсымæрæн уе ’зæр хорз куы загъта, уæд. — Куыройы дон ратыдта нæ чысыл дыргъдонмæ æмæ уый здахынмæ уыдтæн. — Цы хъæр кодтай? — Ницы. Чысыл раст амад нæу цъына æмæ къæв- дайы донæй хос бамбидзæн. Бетъремæ фæдзырдтон, цæмæй йæ сраст кæна. — Агъæца, равдис мын æй. Арчил сыстад. Гиуæрги йæ æрзилын кодта цъына- йы алыварс æмæ йын æй равдыста. — Раст зæгъыс, — загъта Гиуæргийæн Арчил. — Бетъре! Гиуæрги раст зæгъы, цъынайы сæр фæзылын. Бетъре фидар хæцыд цъынайы хъилыл баст уæрдæ- хыл, афтæмæй æрзылд цъынайы алывæрсты æмæ йæм æркаст. — Гъæй, хуыцау мæ куыд ралгъыста! — фæхъæр кодта Бетъре. — Сраст кæнын æй хъæуы. Рауай, хуы- цауы хатыр бакæн, Гиуæрги, фæкæс мæм, сраст æй кæ- нæм, æндæра йæ æз иунæгæй абон нал фæуыдзынæн, хъуыддаг райсоммæ аргъæвын та мæ фæндгæ нæ кæны. — Æмæ уыцы уынгæг ран цæугæ та куыд бакæн- 171
дзыстæм дыууæйæ, æрлæууæн дæр дзы куы нæ ис! — фæхъæр æм кодта Гиуæрги бынæй. — Уæдæ ма фæзивæг кæн, дæ хуыцауы тыххæй: æз* ахиздзынæн æмæ ды схиз. Мæ цæнгтæ бадон сты. Ды йæ æвæлладæй тагъд бараст кæндзынæ. Марадз, кæд лæппу дæ, уæд, хæрзиуæджы мын бацу. — Уæвгæ цъына амайын зоныс? — бафарста Къесо>. ныртæккæ сæм бацæугæ уæвгæйæ. Уый дæр зонын хъæ- уы зæгъынц. — Цы зонын æй хъæуы, æхсин, — загъта Гиуæрпг йæ мидбыл худгæ. — Уæдæ кæм схъомыл дæн!.. — Марадз, уæдæ! — загъта Арчил, — мæнæ уæхст^. мæнæ физонæг... Бетъре æрбырыд цъынайы хъилыл баст уæрдæхыл дæлæмæ, тыххæй æрыххæст хосласæн уæрдоны михтæм. æмæ сæ йæ къахæй æрысгæрста. Куыддæриддæр уыди,. зæхмæ æрхызт, бацыд Гиуæргимæ, йе уæхск ын æрхо- ста æмæ йын зæрдæхæларæй загъта: — Мæныл дын уæд ацы хæрзиуæг, мæхи Гиуæрги.. Нæ дын фесæфдзæн. Æндæр куы ницы уа, уæддæр дæ< фыды цахъхъæн дæн æз... Ех, мæ хъæбул æмæ ме ’фсы- мæры хай! Лæг куы базæронд уа, уæд ын йæ фат æмæ- йе ’рдын æрывæрын хъæуы. — Цæмæн? — бафарста Гиуæрги. — Уымæн, мæ ахсджиаг, æмæ зæронды йæ цæст са- йы æмæ йыл йæ къух дæр гадзрахатæй цæуы, æрыго- нæй йæм цы хъару вæййы, уый йæм нал вæййы. Ау, дæ- карæнæй мæ къухтæ нæ асастаин, ахæм хабар мын куы: ’рцыдаид, уæд! — Бирæ зæрæдтæ æрыгæттæй дæр хуыздæр вæй- йынц, дæхи ма ’фхæр. Хуыцау дын цæрæнбон раттæд, зæгъынмæ дæр æмæ хъуыддагмæ дæр чи арæхсы. Иæ фæстаг дзырдтæ йын Гиуæрги нал фехъуыста, афтæмæй цæрдæг сгæпп кодта уæрдонмæ. Цъынайыя роны хуызæн ауындзæгæй лæууыд уæрдæх. Гиуæрги йыл йæхимæ æрбахæцыд сагойæ æмæ цæсты фæны- къуылдмæ февзæрди цъынайы сæр. Рафæйлыдта хос, чысыл дзы ракалдта дæлæмæ, æрнадта цъына, стæй æрбарста: ардыгæй раст ацæудзæн, зæгъгæ, æмæ рай- дйдта амайын æмæ йæ куыст фæци, цалынмæ дзæбæх. æрталынг, уæдмæ. — Цæхæр у, цæхæр, ацы лæппу! — загъта зæрдæхæ- 172
Лар Бетъре Арчилæн, — уый йæм бынæй касти æмæ уыдта, цæрдæг кæй куыста, уый. — Æцæгдæр хорз у! — сразы Арчил. — Хорз зæгъыс? Хорз нæ, фæлæ уый хуызæн нæй æнæхъæн хъæуы. Гиуæрги йæ куыст куы фæци, уæд æрхъæр кодта Бетъремæ: Иу хатт ма æрзил йæ алыварс æмæ йæм скæс дæ- хирдыгонау, кæддæра дзæбæх амад у, æви нæ? Бетъре æрзылди цъынайы алыварс æмæ йæм схъæр кодта: — Хорз у, хорз! Рахиз, ницы уал æй хъæуы. Гиуæрги февнæлдта уæрдæхмæ, йæ къæхтæ нысса- дзæгау кодта хосы æмæ дæлæмæ бырыд. Цъынайы ас- тæумæ куы ’рхæццæ, уæд æвиппайды уæрдæх аскъуыд. Гиуæрги уæлгоммæ рахаудта бæрзондæй æмæ йæ астæу æрхаста уæрдоны уæлдуанмæ. Уæлдуан нæ баурæдта, ныцъæли æмæ йæ чъылдымыстæг асаст Гиуæргийæн... Арчил, Къесо, адæм бауадысты Гиуæргимæ; уый æр- дæгмардæй дæлгоммæ лæууыд зæххыл... Арчил йæ зонгуытыл æрлæууыд Гиуæргийы раз æмæ йын баста йæ цæф. Иннæтæ йын æххуыс кодтой. Кæм Арчилы, кæм’иннæты архайдæй боны фæстагмæ туг йæ цæуынæй фæлæууыди. Мæлæтдзаг Гиуæрги æмæ фæуа- дзыгуæвæг Къесойы хæдзармæ бахастой. — Уæу, мæнæ хуыцауы æлгъыст куыд фæдæн! Уæ, хуыцау, цы азымджын фæдæн дæ разы, ацы æнамонд хабар мæн тыххæй цæмæн æрцыд? — сирвæзт Бетъре- иæ æнæбары, æмæ скуыдта. — Æрцæуинаг цы у, уымæн æнæрцæугæ нæй,— дзырдта чидæр Бетърейæн, — чизоны йæ адзал афтæ уыд! Ды цы аххосджын дæ? XVII ЗÆРДÆХАЛÆН МАСТ Арчил йæхи уатмæ бахæссын кодта Гиуæргийы æмæ йæ йæхи сынтæджы æрхуыссын кодта. Уайтагъд æв- вахсдæр горæтмæ арвыста лæг дохтырмæ. Дыууæ-æртæ лæджы арвыста алы хъæутæм дæр бынæттон хосгæн- джытæм, чидæриддæр дзы номдзыд уыд, æмæ хъæуы «лæгтæ кæмæй загътой, уыдонмæ. Сæхи хъæуы дæр уыди иу номдзыд бынæттон хос- 173
гæнæг — Опопаты Деметъре. Уымæ дæр арвыстой æмæ сахаты æрдæг дæр нæ бахъуыди, афтæ æрхæццæ. Де* метъре басгæрста Гиуæргийы. Бирæ йæ фæрауын-ба- уын кодта, бирæ фæтылдта йæ сæр æмæ боны фæстаг- мæ загъта Арчилæн: — Нæ, æлдар!.. Мæ къух дæр æм нæ фæкæндзынæн. Уый а-бæстаг нал у. Йæ адзал афтæ уыди... — Бафæлвар... Баххуыс ыи кæн, хуыцауы тыххæй. Дæхи дзыхæй цы зæгъай, уый дын ратдзынæн, æрмæст æй мæлын ма бауадз мæ хæдзары, ме ’намондæн! — афтæ куырдта, лæгъзтæ кодта Арчил, æмæ æнамонд хабар куы ’рцыд, уæдæй фæстæмæ иунæг минут дæр ничердæм ацыд Гиуæргийæ. Йæ уæрджытыл æрлæууыд Гиуæргийы сынтæджы раз, йæ арммæ йын райста йæ* мæрдон уазал къух æмæ йæ æппынæдзух лæгъзытæ кодта, фæлæ цæмæн, уый йæхæдæг дæр иæ зыдта. — Дзæгъæлы йæ фыдæбоны хай кæнæм. Фæлтау æнæхъизæхмарæй йæ уд раттæд хуыцауæн, — дзуапп радта Деметъре. — Иу æхсæвæй фылдæр нал ахæсдзæн. Йæ хуылфы дзаума иууылдæр ныккалдысты. — Тæригъæд кæу ахæм лæппу мæлынæн! — фæхъæр кодта Арчил, арф сулæфгæйæ æмæ йæ сæр æркъул код- та æрхæндæгæй. — Гъæй-гъæй, куыд æнамонд у, куы!.. — райхъуыст кæйдæр кæуынхъæлæс. Иууылдæр акастысты, кæуын кæцæй цыди, уырдæм æмæ талынг къуымы федтой Ар- чилы куыройгæсы. Хабар куы фехъуыста зæронд лæг, уæд уайтагъд æрызгъордта, хъуызæгау бакодта, Ги- уæрги цы уаты уыди, уырдæм, нынныгъуылд талынг къуымы æмæ цадæг дзынæзта, цыма йын исчи йæ кæ- уын куы фехъуса, уымæй тарсти, уыйау... — Тæригъæд мын нæ кæныс, мæхи Сосиа, мæ хæдза- рыл ахæм æнамонд хабар кæй сæмбæлд, уый тыххæй! — хъаст кодта куыройгæсæн Арчил. Уый уыдта, куырой- гæс дæр уымæй къаддæр кæй нæ хъынцъым кодта. Аф- тæ зынди, ныма йын йæ хъæстытæ кæй кодта, уымæй йæхицæн æнцондæр кодта йæ маст. — Уæдæ, уæдæ, æлдар!—хъæрæй дзырдта куырой- гæс, йæхи уромынхъом кæй нал уыд, уымæ гæсгæ. — Гъæй, додой фæкæна, додой, йæ æнамонд мад. Æрмæст куыройгæс йæ кой куы скодта, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд Арчилæн Отараты идæдз. Иууыл- дæр тыхст æмæ хъомпал кæй уыдысты, уымæ гæсгæ ни- чи ахъуыды кодта, мадæн йæ лæппуйы æнамонд хабар 174
фехъусын кæнын кæй хъуыди, ууыл... Нырма ницы зыд~ та Отараты идæдз... Тынг фæтыхст Арчил, нæ зыдта, хъуыддаг мадæв куыд æмæ цы амалæй фехъусын кодтаид, уый. Ахæм хъуыды йæ зæрдæ æхсыдта Арчилæи. Къесо уадзыджьг фæстæ æрчъицыдта, æмæ цыма æрра уыд, уый уад ба- кодта мидæмæ... Йæ хуыз фæцыд бынтондæр. — Куыд у, Арчил, куыд? — тагъд-тагъд афарста йе ’фсымæры æмæ уайтагъд фæрасти Гиуæргийы сынтæг- мæ. — Де знаг дæр афтæ ма уæд!.. — тыхæй-фыдæй сдзырдта æфсымæр. Къесо æркаст Гиуæргимæ. Уый хуыссыд йæ фарсыл, йе ’ргом уыди Къесойы ’рдæм. Чызг бамбæрста, лæппу ма кæй ис æрмæст уд- мидæг, ахæм тыхджын, ахæм æвзонг лæппу... Йæ цæс- гом цыма куыддæр фæзылын Къесойæн. Йæ къухтæй йæ цæстытæ бамбæрзта æмæ сæ йæ тых, йæ бонæй æу- уæрста, цыма йæ йæ цæстысыг бауромын фæидыд, уы- йау. — Къесо, йæ мадæн ын нæ хъæуы фехъусын кæ- нын? — бафарста æфсымæр. — Куыннæ йын хъæуы фехъусын кæнын? Йæ лæп- пуйы йын амардтам æмæ йæм æрвитгæ дæр нæ акод- там, цæмæй йæ удисгæ уæддæр æрбаййафа, цæмæй йæ- хи къухы уæддæр амæла, — дзырдта Къесо дзыназгæ- йæ. — Ницы æмбарын! — загъта йын æфсымæр. — Бын- тондæр мæ хъару асасти ацы æнамонд хабарæй. Мæ бон нæу нæдæр змæлын, нæдæр хъуыды кæпын. Бын- тоидæр стыхстæн. Арвыстой иу лæппуйы Гиуæргийы мадмæ. Уайтагъд æрхæццæ Отараты идæдз. Æниу Гиуæрги цы уаты уыди, уырдæм цæугæ ба- кодта тындзгæ цыдæй, фæлæ йæхи афтæ фидар дардта^ цыма ницæмæ æрдардта, цы æнамонд хабар фехъуы- ста, уый. Æрмæст йæ бур цæсгом, сафраны хуызæн, но- Джы тынгдæр нынцъылдтытæ æмæ бампылд. Иæ ны- хыл, æрфгуыты астæу, сбадт арф æнцъылдтытæ. Цы лæппу йæм бацыд, уый та дзырдта йæ алыварс ^рымбырд уæвæг чызджытæ æмæ лæппутæн, зæгъгæ, хабар ын куы дзырдта, уæд ыл уыцы егъау ус гыццыл ма бахъæуа, рафæлдæха. — Цæуыл кæуыс, мæ хур?.. — цæугæ-цæуын загъта* 175*
:мад Къесойæн, кæугæ йæ куы федта, уæд.—Ау, хъуыд- „даг кæуинаг фæци!.. Сыбыртт ничи скодта, бандзыг сты тас æмæ аргъу- цæй. Зæрдæхалæн уыди маст!.. Отараты идæдз бацыди йæ лæппуйы хуыссæнмæ ^емæ йæ хъæбулы удисгæ куы ауыдта, уæд йæ сæр ныдздзæхст кодта, йæ зæнгтæ фæдыдагъ сты æмæ йæ .зоныгуылтыл æрхауд. Хъыпп-сыпп ничи скодта, ничи фезмæлыд йæ бына- тæй уыцы æгуыппæг уаты. Æрмæст фæйлауæнтæ код- та, Гиуæргийы нывæрзæн цы мыдадзын цырагъ сыгъди, уый пиллон. Уаты чидæриддæр уыди, уыдон лæууыды- сты æгомыгæй, дурдзавдау. Ныхъхъуси, бандзыги æппæт дæр. Æрмæст мады .хъыгзæрдæ æнæдзургæйæ, æнæ сыбырттæй дзынæзта .йæ æнæкæрон стыр сагъæс. Фæлæ уымæн фенæн уыдис æрмæст зæрдæйы цæсты- тæй. Уымæн фехъусæн уыди æрмæст зæрдæйы хъус- тæй!.. Буарын хъустæ æмæ буарын цæстытæн ницы сæ ^бон у. XVIII ФÆСТАГ НЫХАС — Сауджынмæ фæдзурут, хуыцауы тыххæй, сау- .джынмæ!— загъта чысыл фæстæдæр мад, йæ зæрдæ та -куы скуыста æмæ куы ’рчъицыдта, уæд. Æрбакодтой сауджыны æмæ лæппуйæн зиареба рад- та... Цалынмæ уыдæттæ кодтой, уæдмæ цыма Отараты идæдз фæфидардæр. Фыццаг æй маст басаста, стæй йæ- хиуыл фæхæцыд, йæ маст баурæдта. Топпы нæмыг бæ- хъатырыл куы сымбæла æмæ уый уæддæр фидар куыд лæууа, афтæ лæууыд æмæ карз тох кодта риссы ных- мæ, удхарæй марæг хъизæмары ныхмæ. Отараты идæдз æрлæууыд йæ иу уæрагыл, иуварс ахæцыд хъæццулыл. Гиуæрги йæ разы хуыссыд æнæ- дзургæйæ, йæ цæстытæ уыдысты цъынд. Отараты идæдз æй цыма йæ хъæбысы кодта, уыйау æм бавнæлдта æмæ гйын йæ риу лæгъзытæ кодта рæвдауæгау. Мады зонынджын зæрдæ уайтагъд банкъардта, йæ лæппуйæн фервæзъшы амал кæй нал ис, мæлæт ын æй П76
йæ къухæй кæй исы, уый. Ницæмæйуал бафарста, ни- цыуал æй фæндыд зонын... Æппындæр æй ницыуал ныфс уыди, æрмæст ма йæ тынг зæрдиагæй фæндыд, цæмæй йæм æнæ исты сдзургæйæ, иу дзырд æм уæд- дæр æнæ скæнгæйæ куыннæ амæла. — Гиуæрги, мæ хъæбул! Цæй-ма, иу каст ма уæд- дæр фæкæн дæ мадмæ!.. Цы кæныс, цы, цы дыл æр- цыд? Цы дæ бадомдта афтæ, мæ домбай хъæбул, æмæ дæ мады тыххæй дæр дæ цæстæй ма ракæсай!.. Лæппу йæ мады къух æнкъаргæ бакодта йæ риуыл, æви йæ дзурынмæ æрымбæрста, уый бæрæг нæу, фæ- лæ йæ цæстæй ракаст æмæ æдых цæстæнгас ахаста у#- тыл. Фæлæ уайтагъд йæ цæстæнгас æрталынг æмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта фæстæмæ, æрмæст йæ былтæ змæлыдысты. — Цыдæр зæгъын æй фæнды, фæлæ йæ бон нæу!.. — схъæрзыдта мад. Уый куы загъта, уæд дыууæ егъау цæстысыджы æр- тылд йæ цæстытæй æмæ йын йæ фæлурс рустыл, раст здыйы доны æртахау, сæ фæд ныууагътой судзæны сыгъдау. Уæд йæ цæсгом та?.. Цæсгомыл нæ зынди нæ кæуы- ны нысан... Æгæрон масты ныхмæ мад ахæм удуæлдай, ахæм карз тох кодта, æмæ йæ цæсгомыл нæ зынди зæр- дæхалæн судзгæ рисс. Зæрдæйы пиллонæй бадон сты тыхæй аихгонд цæссыгтæ, фæлæ уæддæр йæ цæсгомыл нæ цудыдта иунæг нуар дæр, цæсгом æгайнæг лæууыд бархъомысы архайды фæрцы. Афтæ мастæй батайæг усæн æнæнхъæлæджы судзгæ рисс фæстæмæ раздæхта ихы хуызæн æнцад-æнцойдзинад. — До... — схыр-хыр кодта Гиуæрги, фæлæ дзурын не сфæрæзта. — Дон, дон! — загътой цалдæрæй æмхъæлæсæй. Деметъре загъта, цæмæй йын сæн адардтаиккой æмæ йæм тых æрцæуа. — Мæ хъæбул, мæ иунæг, мæ сидзæр хъæбул! Иу дзырд мæм уæддæр скæн, иу каст мæм уæддæр фæ- кæн! — хъæрзгæйæ загъта мад æмæ йын нæ былтæм гыццыл нуазæны сæн бадардта. Гиуæрги дзы аныхъуырдта цалдæр æртахы æмæ цы- ма чысыл фæцырддæр. Ракаст йæ цæстытæй. Йæ цæст- ынгас цадæг ауади æмæ уайтагъд фæлæууыди. Мад фæзылд æмæ Къесойы кæугæ ауыдта... 12. И. Чъавчъавадзе 177
— Нана! Уыныс... уыцы... зæды... — тыхæй-фыдæй сдзырдта Гиуæрги, йæ цæстытæ нæ иста Къесойæ. — Уынын, мæ хъæбул! — Нана!.. Сæн... Мад ын ноджы адардта сæн. — Уый уыди мæ амонд... Фæсмон нæ кæнын, нæ! — раздæхт та йæ ныхасмæ Гиуæрги. Арчил дисгæнгæ бакаст йæ хомæ. Къесо æрвдзав- дау фæци, афæлурси, фæтыхст, фергъуыйау. Фæлæ мад цыма нæ фæдис кодта ацы хабарыл. Нæдæр Арчил, нæ- дæр Къесо, никæмæй схауд иунæг дзырд дæр уыцы æр- хæндæг сахат. Иууылдæр хъуыстой æгуыппæгæй. ’ — Ех, дæ къабайы кæронæн дын уæддæр куы апъа кодтаин, афтæмæй куы амардаин!.. — суынæргъыдта Ги- уæрги, йæ цæстæнгас уыди Къесомæ æмæ йе стыр са- гъæс, йе стыр куырдиат йæ дзырдтæ æмæ йæ хъæлæ- сæй тынгдæр зынди йæ цæстытыл. Къесо кæугæ базгъордта Гиуæргимæ æмæ йын йæ ныхæн апъа кодта йæ цæссыг калгæ. Иæ сæрыл куы схæцыд, уæд йæ цæссыг æргæр-гæр кодта удисæджы ри- уыл. Уыцы æваст цæссыгтæ æвдадзы хосау фесты Ги- уæргийæн æмæ иу уысм фæцырди, йæ буар ныддыз-дыа кодта. Цыма йыл удæгасгæнæг дон бапырх кодтой, уы- йау ын цины, хъæлдзæджы хос фесты, фæцæрдæги, лæг загътаид — фæстæмæ йæм раздæхт цæрæнбон. Ахæм сахат цы цин æмæ цы амонд æрцæуа, уый дæр цард у, уæдæ циу, æрмæст — уысммæ, цæсты ныкъуылд- мæ... — Уыныс, нана? Удæгасæй мæм йæ мидбыл фæхуд* таид, ахæм амонд мæ нæ фæци! Ныр мæлын æмæ мыл йæ цæссыг калы. Æмæ мæнæн уыцы цин æгъгъæд уг ахæсдзынæн æй мемæ!.. Æз фæсмон нæ кæнын, нæ! Цæуын æмæ мемæ хæссын мæ цин, уыцы зæды цæссы- гæйдзаг цин. Уый мæнæн дидинæг рафтаудзæн уым, уым... Ма хъыг кæн, нана! Дæхицæй дын фехъуыстон, амал цæмæн нал ис, ууыл фæстæмæ хæцын нал хъæ* уы. Арчил, ма мæм фæхъыг у, ма! Мадæр ды! Куын- нæ æмбæрстон, æз чи дæн æмæ ды чи дæ, уый! Куыд уыди мæнæн мæ бон дæумæ, æрвон стъалымæ сыххæс- сын? Дæумæ зæрдæ сыххæссыдаид, зæрдæ, къухтæ нæ фæлæ... Æз дæумæ куывтон зæдмæ кувæгау... Хурау мын мæ цард ды рухс кодтай. Ды зонгæ дæр нæ код- тай, кæй хъарм кодтай, цин æмæ царды хос кæмæв лæвæрдтай, уый. Цалынмæ удæгас уыдтæн, уæдмæ дын 178
мæ бон нæ уыд æргом зæгъын. Къуылымпы мæ кодта асфсæрм, тас... аргъуц... Ныр — мæлын æмæ дын æй дзу- рын. Мардæй чи цы хъуамæ æрдома! Мæрдтæ — æмбар сты... Йæ сæр ауыгъдау уыдис базыл, йæ цæстытыл фæлм абадти. Райдыдта утæхсæн кæнын. Æдых змæлд код- топ йе ’нгуылдзтæ. Афтæ зынди, цыма Гиуæрги искæй агуры, цыма йæ кæйдæр ссарын фæнды. Рауади ма ноджы дæр иучысыл рæстæг æмæ Ги- уæрги нал уыди. — Фæци! — æнуд цъæхахст фæкодта мад æмæ æр- хаудта йæ хъæбулы мардыл. Йæ цæсгомæй йбш æрын- иад йæ риуыл. Иу дзырд, иу зæл дзы нæ райхъуыст! Лæг загътаид — амард йæ лæппуйы риуыл. Æнхъæлмæ йæм кастысты, зæгъгæ, æрчъицдзæн, фæ- лæ куы федтой, Отараты идæдз не змæлы, нæ кæуы, уæд иууылдæр фæгуырысхо сты: мацы кæна уый дæр? Бацыд æм Къесо æмæ йыл ацархайдта сыстын кæ- лыныл. Æрмæст уæд райхъуыст Отараты идæдзы дзу- рын: — Уæ рынтæ ахæрон, иунæгæй мæ фæуадзут мæ лæп- пуйы марды цур! Мæнæн ницы уыдзæн. Æз ахæм боны гуырд фæдæн... Мæгуыр мæ бон! Ме ’намонддзинад дæр уый у, æмæ мын кæй ницы уыдзæн!.. Арчил æнæдзургæйæ йæ къухæй ацамыдта æппæт уым æмбырд æххуырстытæн, цæмæй уатæй ацыдаик- кой. Иууылдæр ацыдысты. Арчил æмæ Къесо дæр ин- нæты фæстæ ацыдысты сæ къахфындзтыл æмæ ма æр- мæст иу лæггадгæнæг чызгæн загътой, цæмæй Отара- ты идæдзмæ йæ хъус дардтаид иннæ уатæй. Уат раафтид... Æрмæст ныр, иунæг у, уый куы бафиппайдта Ота- раты идæдз, уæд йæ къухæй нæмын райдыдта йæ сæр_ — Нал ис мæхи Гиуæрги, нал! — ныллæг хьæлæсæй хъарæг кодта мад. — Æз баззадтæн, фæлæ Гиуæрги нал ис. Ныууагътай мæ, мæ хъæбул? Амардтæ? Ацыдтæ, ацыдтæ.æмæ нал æрыздæхдзынæ! Мæ хъæбул, ды мæн. хъуамæ баныгæдтаис, афтæмæй та æз дæу .ныгæнын!^ Ды мыл хъуамæ кæуис, фæлæ дыл æз, кæуын,:æз!.. -Ацы къухтæ дæ схъомыл кодтой æмæ дыл хъуамæ сыджыт Дæр бакалой?!. Ды сæ не скæндзынæ дзуарæвæрд мæ риуыл, фæлæ æз, æз, мæхи къухтæй дзуарæвæрд скæн- Дзынæн дæ къухтæ! Додой фæкæнон, цы Æон мыл æр- ^одта, цы! Т79*
Æрхаудта та йæ мæрдон уазал хъæбулы риуыл, ныр йæ кæуын нал хъуысти, хъуысти æрмæст йæ мæст- æлгъæд хæкъуырцц. — Уæу, уæу, уæу! — фехъуысти уаты кæйдæр ни- уын. Отараты идæдз фæзылд æмæ мæстæйдзагæй йæ цæстæнгас ахаста уаты. Иунæг мыдадзын цырагъ дыдзы рухс кодта егъау уат, йæ иу къуым уыди ноджы талынгдæр. Уым ныкъ- къæдз иу лæг, Отараты идæдз æй ауыдта. Куыддæр йе ’вастæй уым цы лæг баззад, уый ауыд- та афтæ та хъыгзæрдæ, æнкъарæг мад уайтагъд феста- ди тызмæг Отараты идæдз. — Ды та цы ми кæныс ам! — мæсты хъæр ыл фæ- кодта Отараты идæдз. — Нæ баурæдтон дæ хъыг, мæ кæуын мæ хъуырмæ ссыд æмæ мæхи дæр нæ фæндыд, афтæмæй фæкъæртти мæ хъуыр æмæ стурау сбогъ-богъ кодтон... — Æмæ ам цы ми кæныс? — Иунæгæй тæригъæд дæ. Кæйдæр хæдзар у, ай дæр адæймаг у, зæгъын, дон ын уæддæр авæрдзынæн. — Чи дæ? — Сосиа. — Чи Сосиа? — Кæд мæ хъуыды кæныс, уæд хорз, кæннод дæр дын хуыцау хъæлдзæг цард раттæд, кæд ма дын дæ лæппуйы мæлæты фæстæ ацы мæнг дунейы хъæлдзæг цард баззад, уæд. — Цæуылнæ мын баззад? Афтæ æнхъæл дæ мæлæт- мæ æнхъæлмæ кæсын циндзинад нæу!.. Иннæтæ дуармæ куы рацыдысты, уæд зæронд куы- ройгæсы ничи фæфиппайдта æмæ уыцы талынг къуы- мы баззад æмæ раздæрау ныгъуылдæй бадти. — Цæугæ, дæу ам ницы хъæуы, — загъта Отараты идæдз, — иунæгæй мæ фæнды... — Дæ бар дæхи, ацæудзынæн æмæ фæсдуар куы: дзы лæуд кæндзынæн. Фæдзур-иу мæм, исты дæ куы бахъæуа, уæд. — Хорз, хорз, адде у! 180
XIX ХÆЛД ХИД Стыр кад æмæ цытимæ бавæрдта Арчил Гиуæрги- йы. Сæ алфæмблай цы сауджынтæ уыд, уыдон æмæ æв- вахс хъæуты цæрæг зæхкусджыты иууылдæр æрхуыд- та æмæ хардзæн цы хъуыд, уый тыххæй æппындæр ни- цы бацуæрста. Афтæ йæ бавæрдта, цыма йе ’рвад уыд, цыма йæхи бинонтæй уыд. Хæдзарæй аргъуанмæ æмæ аргъуанæй уæлмæрдмæ Арчил æнæ раивгæйæ зæхкусджытимæ хаста табæт. Къесо зианы фæдыл уæлмæрдмæ цыди сау дарæсы, æнæсыбыртт, æрттæдæларм, сæргуыбыр æмæ æрхæн- дæгæй, цыма йын зиан æввахс хион уыди, уыйау. Та- бæт ингæны куы ауагътой, уæд йæ уæрджытыл æрхауд, йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта æмæ йæхимидæг райдыд- та кувын. Стæй ингæнмæ йæ армыдзаг сыджыт бакалд- та, цæрдæг фестад æмæ иуварс алæууыд, цыма истæ- мæй фæтарст, уыйау. — Кæсыс! Кæуы... — загъта, æввахс æм чи лæууыд, уыцы устытæй иу. — Уарзондзинад зын у! — дзуапп радта иннæ. — Фехъуыстаис æй, кæрæдзи уарзтой. — Иæ цæстысыг æмбæхсы, бецау, цыма æфсæрмы кæны. — Æмæ цы ’фсæрмы кæны? — кæрæдзийы дзыхæй дзырд истой устытæ. — Уый лæг нæ уыди, æви цы? Чызг дæр рæсугъд чызг у, æмæ лæппу дæр хорз лæппу уыди. Æндæр ма цы хъæуы уарзондзинадæн? Зæхкусджытæй чидæртæ разы уыдысты хо æмæ æф- сымæры уæздан хуымæтæгдзинадæй, сæ зæрдæмæ цы- ди, Гиуæргийы ахæм цытимæ кæй æвæрынц, уый. Фæт лæ дзы уыди ахæмтæ дæр, афтæ чи дзырдта: — Лæджы бабын кодтой, æмæ ныр адæмы цæстмæ афтæ кæнынц! Чи зоны æцæгдæр афтæ уыди, фæлæ, гуырысхойаг нæу иу хъуыддаг, — æнцон нæу искæй зæрдæйы рæст- дзинад ссарын. Арчилы хъустыл æрцыдысты зæхкусджыты ныхæ- стæ. Къесо дæр сæ куы базыдта æмæ хахуыр ныхæ- стæм куы смæсты, уæд ын Арчил загъта: — Уым диссагæй ницы ис. — Куыд ницы дзы ис диссагæй? Мах ын сыгъдæг 181
Зæрдæйæ балæггад кодтам, уыдон та ныл цъыфкалæн кæнынц! — Диссаг уый уаид, æмæ æндæрхуызон куы дзурик- кой. Уыдон раст сты сæхи ’рдыгонау. Уыдон æмæ мах ’хсæн хид ныссаст: уыдон баззадысты донæн уыцы фарс, мах та ацы фарс. Дард стæм кæрæдзимæ, афтæ дард, æмæ кæрæдзи нал æвзарæм цæстæй, рæстаг æмæ æнæ- фæливгæ цæстæй. Ахæм дардмæ лæг лæгмæ хъæды лыг- гаджы хуызæн кæй зыны, йæ цæсгом та, — хуыцауы фæлгонц æмæ хуызмæ гæсгæ арæзт уæвгæй — цыдæр æнахъинон амæст кæй зыны, уый цы диссаг у? Ацы егъау дунейы чысыл нæй ахæм цыдæртæ, æмæ сæм хуы- мæтæг цæстæй куы кæсай, уæд дæм фæзындзысты сау, урс куы уой, уæддæр! Фæлæ мах хуымæтæг цæстæй нæ кæсæм, махмæ ис кæсæнцæстытæ! Кæсæнцæстытæ — уый зонад, ахуырад у. Уыдонмæ уый нæй. — Уæдæ уыдонмæ хæрзиуæг хæрзиуæг нæ кæсы, рæстдзинад сæм рæстдзинад нæ кæсы? — Уыдон разы не сты, нæ сæ уырны нæдæр нæ хæрзиуæг, нæдæр нæ рæстдзинад. Сæ иу дæр æмæ сен- нæ дæр махæй куы цæуы, уæд сæм диссаг кæсы. «Цæ- мæн, цæй тыххæй! — фæфæрсынц уыдон. — Хæрзиуæ- джы тыххæй? Цæмæн мын хъуамæ кæна хæрзиуæг. Чи мын у, чи йын дæн?» Æмæ уымæй, æцæгдæр, раст зæ- гъынц. Цы сын стæм мах, цы нын сты уыдон? Чи стæм мах, чи сты уыдон? Мах стæм хицæн æмæ хицæн дуне- тæй. Загътон ма йæ — дард стæм кæрæдзимæ... Уыдо- нæн сæ маст æмæ сæ циндзинадæн ис иу æмбонд, мах маст æмæ циндзинадæн та — æндæр æмбонд. Махæн фадат нæй, цæмæй нæ зæрдæтæ кæрæдзийыл æмбæлой, кæрæдзийыл ныдзæвой. Æмæ диссаг кæцæй у, уыдон мах кæй нал æмбарынц, мах та уыдон, уый! Уый ма мын зæгъ: цы нæ бæтты кæрæдзийыл? Æрмæст иунæг чиныгмæ кæсджыты дзæнгæдадзæгъдæг æвзаг — мæ хуызæн лæгты æз чиныгмæ кæсджытæ хонын, — дыккаг хатт æй зæгъын — æрмæст чиныгмæ кæсджыты дзæн- гæдадзæгъдæг æвзаг æмæ тыхтонагæнджыты зыдгæнæг къух. Цы нын хъуамæ æрхастаиккой хорзæй ахæм æх- сæны лæгтæ? — Уæдæ адæмæн зæрдæ нал ис? Амарди зæрдæ, адæймаг æнæ зæрдæ баззад? — Гъай-гъай, æцæгдæр нал ис зæрдæ, растдæр зæгъ- гæйæ, нал ис, æвзагæн дæр æмæ къухæн дæр чи амо- ны, уыцы фарн. Кæнæ уæвгæ ис, фæлæ байгомыг,* ба- 182
къуырма, цыма мæлгæ акодта, уыйау — махмæ дæр æмæ уыдонмæ дæр. Чизоны, бынтон нæ, чизоны, бын- тон нæ амард, фæлæ йе ’мбис уæддæр. Æмæ мæнæ мах цæрæм æмæ архайæм, цæмæй кæрæдзи бамбарæм, иу хъус æмæ ма иу цæст кæмæн баззад, æрмæст уыцы æр- дæджы фæрцы. Ам æнæрæдигæ нæй, амæн æмæ æндæ- ры фенынхъом чи у, уыцы цæст бакуырм, æндæры фе- хъусынхъом чи у, уыцы хъус бакъуырма. Цы у зæрдæ? Адæймаг дунейы иунæг, зыбыты иунæг куы уаид, уæд зæрдæ дæр нæ уаид. Зæрдæ у хорздзинад, фæлæ хорз- дзинадæн уæвæн ис, дыууæ адæймаджы куы уа, уæд. Цæмæй хорздзинад равзæра, уый тыххæй æппыннæйæ дыууæ адæймаджы уæддæр хъуамæ уа, амæн æмæ хорз- дзинад нысан кæны, цæмæй иу лæг йæхи нывондæн æр- хæсса æмæ уыцы нывонд райса иннæ лæг. Йæхи нывон- дæн чи ’рхæсса кæнæ нывонд чи райса, ахæм лæг куы- нæ уа, уæд нæ уыдзæн фарн дæр, ома нæ уыдзæн зæр- дæ дæр. Дыууæ лæджы куынæ уа, уæд зæрдæйæн æх- сæны лæг цæмæн хъæуы: æвзаг, цæст, хъус?.. Мæхицæй мæхимæ æхсæны лæг нæ хъæуы. Æхсæны лæг уæд хъæ- уы, æмæ йæ арвитын кæмæ хъæуы, ахæм лæг куы уа. Дыккаг адæймаг куынæ уа, уæд иунæг лæджы зæрдæ у æрмæст мигæнæн, адæймаджы буары туг змæлынгæ- нæг мигæнæн. Æмæ кæм ис ам дыккаг адæймаг? Доны фаллаг фарс. Дард, тынг дард!.. Уæдæ цæмæн дис кæ- ныс, уырдыгæй нæ ардæм кæй нæ уынынц, ууыл, кæй нæ ныл æууæндынц, æгæрыстæмæй сæ нæ хæрзиуæг дæр кæй нæ уырны, ууыл? Цæуыл хъуамæ фенцойкæна уыцы æууæнк, кæм ын хъуамæ ссардæуа æппыннæйæ иу чысыл æнæнцойгæнæн? Мард зæрдæйы? Уый гæнæн нæй! — Уый рагон хабар у, рагон, ме ’фсымæр, —ома иу- гæр зæхкусæг у, уæд кæддæриддæр раст у! — Ахæм æдылы æнхъæл мын цæмæн дæ, мæ зынаргъ хо? Æз, сывæллонау, фырæппæлд мыййаг нæ кæнын æмæ уæларвмæ нæ исын зæхкусæджы; нæ йæ хонын адæймаджы буары бацæуæг зæд. Æз сгарын фæд, къа- хын, агурын æмæ, ас лæг кæй дæн, уымæ гæсгæ хъыг кæнын, кæуын, ме ’рдæг кæй фесæфт, ууыл. Уый у, мæ- ’нæй алыггонд æрдæг; æз дæн уымæй ралыггонд æрдæг. Мæ зæрдæ риссы, цы мæ ахаудта, уыдоныл, тæригъæд сын кæнын, фæлæ сæ растыл нæ нымайын. Зæхкусæг чъизи у канд йæ кæрцы къæритæй нæ, фæлæ хаттæй- -хатт зæрдæйæ дæр. Уый æз æнæзонгæ нæ дæн, фæлæ 183
нæхæдæг дæр хуыздæр не стæм. Афтæ æнхъæлыс æмæ ныл æнæ рыджы мур урс-урсид хæрз сыгъдæг хæдæт- тæ кæй ис, уый тыххæй мах уыдонæй сыгъдæгдæр стæм! Æз загътон, зæгъгæ, мæ зæрдæ сыл риссы, тæ- ригъæд сын кæнын, фæлæ мæхи та æппын нæ уарзын, мæхиуыл æлгъ кæнын, фыд-зæрдæ дарын мæхимæ. Нæ, æмбис лæг уæвгæйæ цæрын, зæрдæйы æмбис уæвгæйæ цæрын — уый цард нæу! Уый мæлæт у, уый мæлын у... — Мæлын æмбийын у. Æмбигæ цы буар фæкæны, уымæй та хæф кæлы, æрмæст хæф. Уый зæгъын дæ фæндыд, нæ? — Фæраздæр мæ дæ. О, дыууæрдыгæй дæр, арды- гæй дæр æмæ уырдыгæй дæр чи цæуы, ахæм хæф. Иæ иу гуырæн у нæ мæлæтдзаг æрдæг. Уымæ гæсгæ дис ма кæн, кæрæдзийыл сымбæлгæйæ ныл хæфæй æнæсахуырс- гæ кæй нæй, ууыл. Æгæрыстæмæй исты хорздзинад куы саразæм, уæддæр нæ кæрæдзийы амæлæг буары хайы зæрдæты змæнтæм. Уымæ гæсгæ æгæрстæмæй хæрз- гæнæджы дæр, — чифæнды уæд, махæй æви уыдо- нæй, — нымайæм кæнæ æдылыйыл, кæнæ сайæгойыл. Мардæы удæгасы уынæн нæй, мардæн, удæгасау, бам- барын йæ бон нæу. — Кæд уыдæттæ иууыл раст сты, уæд, æвæццæгæн, нæ адзал æрцыд! — Чи дын загъта? Мах хуызæттæн, чизоны, сæ адзал дæр æрцыд, фæлæ уыдонæн нæ. — Не ’мбарын. Афтæ куы загътай, зæгъгæ, нæ дыу- уæтæ дæр —уыдон дæр æмæ мах дæр — æмхуызон мæрдтæ стæм. — Афтæ у, фæлæ дæуæй ферохи, цы удæгас æрдæг ма нæм ис, уый. Хъуыддаг уый мидæг ис. Раст зæгъ- гæйæ, мах стæм саразгæ, уыдон та — сфæлдисгæ. Мах рæтыд стæм, уыдон та фæсасынк хуыд, æрмæст æрдз куыд хуыйы, афтæ фæсасынк, æмæ æрдз та, дæхæдæг æй куы зоныс, — цахæм æрмдæсны у! Уыдон чъырæй æхсысты хуызæн фидар, мах та цыдæр хырыз, лæмæгъ. Байхъус-ма сын сæ зарынмæ — кæрæй-кæронмæ хъа- рæг, фæлæ йæ уæддæр зарæг хонынц. Махæн нæ зарæг хъарæг нæу, фæлæ йæ уæддæр циндзинад схонын нæ* бон нæу. Хъуыды ма кæныс, Паата нæм горæтмæ æвир- хъау цъыф æмæ митфæлдзæгъдæны æртæ сомы курæг к^ы ’рцыд, уæд цы дзырдта, уый? Æз дзы хъазыдтæн: «Лæппу, афтæ дард рараст дæ, уымæй дæр ахæм хъыз- ты æртæ сомы тыххæй?» — «Ех, æлдар, ды цæмæй зо- 184
ныс, хурма цы дыргъ у, уый!*— загъта мын уый, фæ- лæ уый тыххæй нæ, цæмæй мæ фæхъыг кодтаид йæ гуы- рымыхъдзинадæй. — Ардыгæй куы сыздæхон фæндагыя стад æмæ æвирхъау тыхсастæй, къæвда æмæ митæй сæ- рæй бынмæ хуылыдз, цъыфæйдзагæй æмæ гæв-гæвгæн- гæ мæхи куы стухон мæ ницæйаг зæронд хъæццулы: æмæ куы схуыссон, — ех, уæд куыд адджын фынæй ба- кæндзынæн, куы! Ды дæ цæрæнбонты афтæ никуы ба- фынæй кæндзынæ...» Æмæ, æцæгдæр, бафынæй кæнын уыдонæн у фæллад суадзын, сæ тыхтæ фæстæмæ сæ бы- наты сæвæрын. Махæн та бафынæй кæнын у хынджы- лæг. Уымæй махæн нæ буар рæсигæ æмæ уæззау кæны^ раст цыма донниз у, амæн æмæ хъалæй фынæйæ хъау- джыдæр не стæм. Уыдонæн сæ удæгас æрдæг — хорз у, æвзæр у, уæддæр архайгæ кæны, махæн та нæ удæгас- æрдæг æндзыг, æгуыстмæ тырны. Цард — архайды ми- дæг ис... Гъе, уымæй сты уыдон хорз, гъе, уымæй сты уыдон махæй хуыздæр... — Æниу сырд нæ лекка кæны райсомæй изæрмæ амæттаджы фæдыл. Уыдон æххормаг сты, æмæ цæмæй æфсæст ой, уый сæраппонд æнæрынцой кæй кусынц, уый тыххæй сæ æппæлын æмæ сын цыт кæнын цымæ* раст у! Адæймагхмæ хъуамæ уа адæймагдзинад. Уый у æппæты ахсджиагдæр, æрмæст уый у кад æмæ цыты ак- каг. — Уымæй дæ цы зæгъын фæнды! — Уый зæгъын мæ фæнды, æмæ адæмæй уыдон ма- хæй æвзæрдæр адæм сты. Зынæй ссардзынæ зæхкусæг лæджы хуызæн зыд æмæ кæрæф, зæхкусæг лæджы хуы- зæн мæнгард, зæхкусæг лæджы хуызæн дурзæрдæ, уый; хатыр нæ зоны йæхи æфсымæрæн дæр — зæхкусæг лæ- гæн, уынгæджы йæ куы баййафа, уæд ууыл нæ бацуард- дзæн ныххурх кæнынæй, зæххы цъарыл йæ кой дæр куыннæ уал уа, афтæ бакæныныл... — Уырны.мæ, мæхи цæстæй федтон ахæм кæйдæр- ты, мæхи хъустæй фехъуыстон ахæм цыдæртæ. Фæлæ- цард уæддæр уыдонмæ ис. Уыдонæн сæ тугдадзинты аехсиды туг, уыдонмæ цæджджинагау фыцы цард йæхæ- дæг. Ды кæй. зæгъыс, уый чъизи у, уый царды фыцгæ- цæджджинаджы сæрмæ цы фынк ссæуы, уый у. Фæлæ аг бынæй сыгъдæг у. Уæдæ адæймаджы æрмæгæй æцæг адæймаг, Гиуæргийы хуызæн лæг, кæнæ Отараты идæ- Гуырдзиаг æмбисонд: «Хæрæг цы зоны, хурма цы дыргъ у!»г- 185
дзы хуызæн ус цы рацæгъды? Ахæм кæрдзын сфыцæн ис æрмæст уыдон торнейы. Мах торнейы æрдæгфых луа- ситæ фыцы, — æз æмæ дæ хуызæттæ. Нырыонг дæр мæ бон нæма у бамбарын: цы рацыд нæ размæ Гиуæр- гийы фæлгондзы? Мах нæ зонæм уынын æмæ хъусын дæр, махæн уый тых дæр нæй, фæлæ уым!.. Уым цы •сфæлдыстадон тых ис, цы!.. Гиуæрги... — Ма мын æй мыс!.. Тынг зын мын вæййы, уыцы жнамонды куы æрымысын, уæд. XX СÆУÆХСИДЫ РАЙДАЙÆН Арчил йæ дзырд фæурæдта æмæ дыууæрдæм рацу- збацу кодта уаты. Чизоны, тæригъæд кодта Къесойæн, таенæ æнæуый бафæллад æмæ йæ рацу-бацуйæ фæндыд йæхи аирхæфсын, йæ фæллад суадзын. Фæлæ чысыл гфæстæдæр æмбисвæндагыл цæхгæр фæзылд æмæ Къе- сойæн загъта: — Нæ, мæ уарзон хо! Ма мæм фæхъыг у. Гиуæрги- •йы хабар ахæм нæу, æмæ йæ лæг мацæмæ æрдара, йæ нувæрсты ахиза. Дæ зæрдыл лæууы Григол Орбелиа- ни? Куыд зæрдæрай уыдыстæм, йæ дзырдтæ йын куы •бакастыстæм, уæд: Ратт уæрæх фæндаг талантæн, Кæн æмбæлон цыт аккагæн, Арв талант лæгæн куы дæдты, — Уа, нæ уа уæздан мыггагæй». — Уымæй цы зæгъынмæ хъавыс? Арчил ахъуыды кодта: дисы йæ бафтыдта Къесойы æнæрхъуыды. — Дисы мæ æфтауы дæ фарст, Къесо! — Уым диссагæй ницы ис, — дзуапп радта Къесо .æмæ йæ сæр æруагъта, цыма уыцы ницы дзурæг дзуапп йæхицæн дæр хъыг уыди, афтæ. . — Уæдæ Гиуæргийæ смой кодтаис? — афарста йæ æйиппайды Арчил. Ацы æнæнхъæлæджы фарст Къесойæн цыма хъыг уыди, уыйау исдугмæ дзуапп нæ радта. 186
Арчил æм банхъæлмæ касти. Фæлæ йæ зæрдæ тыр- рыкк-тыррыкк кодта. Чизоны, — цы йын æхсызгондæр уыдаид: о, æви нæ. Арчил та йæ афарста: — Смой дзы кодтаис?.. — Нæ. — Дæуæй куы уыдаин, уæд æз дæр афтæ бакодта- ин. Афтæ цæуы, æмæ уæздан мыггагæй куы нæ уа, уæд... — Уый ма зæгъ!.. — Йæ цæстытæ фæхъулонгæнгæ, фæхъæр кодта Къесо. — Мæсты ма кæн, Къесо, хъæбатырæй кæсын хъæ- уы рæстдзинадмæ. Уый адæймаджы хорз миниуæджы нысан у... — Нæ йæ уарзтон, æмæ уымæн. — Не ’намонд дæр уый у. Афтæ цæуы, æмæ нын чи- ныг иу у, цард та иннæ. Уарзгæ дæр æй, мой дзы цы аххосæй не скодтаис, уый тыххæй нæ бакодтай: зæхку- сæг лæг уыди. Кæм и, уæдæ, ам «Æмбæлон цыт акка- гæн», зæгъгæ, мах афтæ зæрдæрай кæмæй уыдыстæм, уый? Уый чиныджы ис, фæлæ хъуыддаджы нæй, дзур- гæ йæ кæнæм, фæлæ нæ зæрдæйы нæй. Æмæ Гиуæрги- йы истори чиныджы куы бакæсиккам, уæд та? Цыт- джын, стауæн ныхæстæ ракодтаиккам уæд æз æмæ ды, адæймагæн уæздан мыггагæй равзæрдмæ гæсгæ чи аргъ кæны, уый æрцауыгътаиккам. Цы хъуамæ дзурæм «Ак- кагæн цыт кæныны» тыххæй, кæд æмæ йын ды, æгæрыс- тæмæй, фиппайгæ дæр нæ фæкодтай йæ уарзондзинад, афтæмæй уый та дæу тыххæй йæ сæр нывондæн хаста. Кæсыс, цæй бæрзонд къул ис мах æмæ уыдон ’хсæн! Уыцы чъырын къул амад у нæ туг æмæ не стæгæй... Мах куы бафæрсай, уæд раджы ныппырх кодтам уыцы фидар къул. Фæлæ цæмæй? Æрмæст цыргъ, алмасийы хуызæн чиныджы фырзондджын цыргъ æвзагæй... Æв- загæй йæ халæм, фæлæ йыл зæрдæйæ фидар хæцæм, зæрдæ йæ ногæй аразы, уæлæмæ йæ скъæры. Мах стæм æрдæг адæм,. додойаг фестæм — нæ хуыздæр æрдæг ахаудта. — Уый æгæр зæгъыс, Арчил. — Мæхи Къесо, ме ’ргом ныхас мын дурзæрдæйыл ма банымай.чЦарды уыйбæрц арæх нæ вæййы, нæ цæ- стытæ нын чи байгом кæны æмæ нын зонд чи амоны, ахæм хабæрттæ. Мах, æцæгдæр, цæгъдинаг стæм, кæд æмæ нæ бон нæу, нæ цæстæй кæй ракастыстæм, уый рисс бабыхсын. Уый цух уыдыстæм æрмæстдæр! —Дзур уæдæ! Кæрдгæ афтæ кæныс, æмæ зæрдæ 187
судзгæ риссы, фæлæ йæ хуыйгæ дæр афтæ кæныс, æма& зæрдæйæн дæттыс!.. — Зоныс, Гиуæрги цы уыди?.. Гиуæрги уыди стыр чиныг, доны фаллаг фарс чи уыди фыст, ахæм чиныг> ноджы дæр ма йæ зæгъын: Гиуæрги уыди чиныг, царды диссаджы чиныг... Уый мыхуыр уыди бынтон æндæр дамгъæтæй. Уыцы чиныг уыди нæ разы, фæлæ махæа нæ бон нæ уыд йæ бакæсын. Цынæ, цынæ кæсæм мах æмæ мингай мах хуызæттæ! Буц та чи нæу ныры зама- ны чиныгæй, фæлæ ацы абетæ уæддæр нæ зонæм. Ги- уæрги у адæймаджы хорз миниуджыты удæгас фæл- гондз. «Ис æнæмæлæт йæхæдæг дæр уаз сыгъдæг уды* «Цал æмæ цал хатты дзырдтам æз æмæ ды, уый иттæг рæсугъд, иттæг раст ныхас кæй у! Мах æй æмбарæм. чиныджы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæрынцои дзæнгæда цæгъдæм ууыл. Фæлæ нын цард нæ разы куы райтыгъта уыны сыгъдæг уды удæгас фæлгондз, уæд æй мах нæ базыдтам: мах нæ федтам, нæхи цæстæй цы уыдтам, уый... Уæдæ дзы не смой кодтаис, и? Уæд кæ- мæй? «Уаз сыгъдæг удæй»? Нæ йæ уарзтай! Æмæ кæй? «Йæ сыгъдæг уд æмæ йе стыр зондæн» кæмæн аргъ кæ- нынц, уый. Йæ уд «уæларвон хуры тын кæмæн рухс кæны»**, уый нæ уарзтай? Уарзондзинад тыххæй нæу. — Æмæ хур дидинæджы тыхæй райхæлы? Уый хъуамæ йæхигъæдæй æрцæуа, куырм зæрдæ, бахатыр мын кæн, фæлæ уæздандзинады авд дуары кæуыл ис æхгæд, ахæм куырм зæрдæ йæ ныхмæ куы нæ фæлæу- уа, уæд. Фæлæ дæхи хуызæн лæг куы уыдаид, уæд та? Цы бæрæг ис, чизоны уæд тых дæр баххуыс кодтаид? Куыдфæнды зæгъ, фæлæ йын ды йæ уарзондзинад ра- хатыдаис, Гиуæргимæ цы хорз миниуджытæ уыдис, уы- донæй йæм сæ фондзыссæдзæм хайы куы нæ уыдаид, уæддæр. Фæлæ уæздан мыггагæй кæй нæу, уый адыд нæ байгом дæ зæрдæйы дуар. Æмбисонды хорз уд йæ зынаргъ æрттивгæ хуры тынæй æдзæлгъæды рухс код- та уазал къул. Ды та йæ фиппайгæ дæр нæ фæкодтайГ Уый йæ æнæзонгæ нæ уыди, фæлæ хъаст нæ кодта. Куы марди, уæд нæм æрбаппæрста фæлмас дзырдтæ: «Æз фæсмон нæ кæнын, нæ», — æрбаппæрста сæ, цæмæй нæ- хи нæхæдæг азымы дарæм. * Гуырдзиаг поэт Н. Бараташвилийы (1816—1845) æмдзæвгæ- йæ. ** Уый дæр Н. Бараташвилийы уыцы æмдзæвгæйæ. 188
— Афтæ тынг дæр мæ ма ныгæн! Æгъгъæд мын у! — загъта Къесо æмæ скуыдта. Арчил фæтæригъæд кодта йæ хойæн, бацыд æм æмæ йын йæ ныхæн апъа кодта. — Уыдон сыгъдæг цæстысыгтæ сты æмæ дын сæ нæ асæрфдзынæн. Сымах, сылгоймæгтæ, уымæй хуыздæр стут махæй... — Нæ цæстысыг донау кæй цæуы, уымæй нæхи фæн- ды æви нæ, уæддæр? Æгъгъæд дын у худынæн! Нал у мæ бон! — Уый ма зæгъ, мæ хо! Цæстысыг æвдадзы хос у сыгъдæг удæн. Цæстысыг алы хатт дон нæ вæййы, нæ. Цæстысыг хаттæй-хатт вæййы уарты хуызæн æмæ уарт афоныл куы райсай, уæд æхсаргардæй хъауджыдæр нæу. — Цæмæ гæсгæ уый зæгъыс? — Æз цин кæнын, кæугæ кæй кæныс, ууыл... Æз дæр кæуин дæуау, æрмæст фæстæмæ, ивгъуыд рæстæгмæ куы кæсин, уæд. Уый — ивгъуыд заман — талынг... æх- сæв у... — Æмæ хид дæр хæлд у, хæлд! — райхъуыстис Къе- сойы зæрдæрисс хъæрзын. — Мæн фæнды, цæмæй уый иууылдæр феной, фæн- ды мæ, цæмæй йæ мах не ’ппæт дæр зонæм. Ды йæ ныр уыныс, зоныс æй... — Зонын æй æмæ кæуын. — Уымæн цин кæнын æз дæр дæ цæстысыгыл. — Фæлæ цы уыдзæн сомбон, Арчил, цы? — æваст фæхъæр кодта Къесо. — Уый — цæстысыгæй æлхæд æмбарынад судзы, æрт- хутæг кæны ивгъуыдады иууылдæр, фæлæ нæ сомбон, нæ фидæн нуазы уыцы уымæл æмæ дзы дидинæг æфта- уы. Стæй цæстысыгтæ куы сбирæ уой, уæд сæ сырæз- дзæн фурд, фурд йæ сæрыл сисдзæн егъау тъиуи æмæ уæд баиу уыдзысты фурды былтæ фæстæмæ, сырæз- дзæн, не ’хсæн цы хид фехæлд, уый. Уый у цæстысы- гæй æлхæд æмбарынад кæнæ æмбарынадæй барухсгонд цæстысыгтæ — фидæны хуры тын, æмæ хуры тын та æвæдза... — Сæуæхсиды нысан у, нæ, мæ дзæбæх æфсымæр? — Гъай-гъай, афтæ у. Хо æмæ æфсымæр кæрæдзи ахъæбыс кодтой цин- гæнгæ. 189
XXI СИДЫ МÆМ, СИДЫ!.. Фæззæг йæ кары бацыд æмæ йе ’ргом сарæзта зы- мæгмæ, сæрдмæ та бынтон йæ чъылдым аздæхта. Йæ хъармæй дæр æмæ йæ сатæг уæлдæфæй дæр фæлмæн æмæ æхцон фæззæг, уыцы иурæстæджы хус дæр æмæ уымæл рæстæг дæр, æгæрон бирæ стъалытæй æрттивгæ цъæхарвджын фæззæг — нæ райгонд бæстæ номдзыд кæмæй у, уыцы фæлмæн, адджын фæззæг — æнæрхъуыдыйæ æваст базæронд, урсытæ дзы фæзынд.. Иæ урсытæ — халас. Райсомраджы-иу халас аппæрста хæхты æмæ кæмт- ты, хъæдты æмæ быдырты. Фæлæ-иу æм æмбисбон хур- комкоммæ куы бакаст, уæд-иу фæтары, дойны зæхх-иу æй анызта, кæнæ-иу æврагъ фестад æмæ-иу æй арв йæ- химæ систа, æмæ-иу арвы арф æмæ уæрæх тыгъдады* цоппай кодта мигъы къæмты хуызы, æмæ-иу куы иу ран, куы иннæ ран фæзынди урсцагъд бæмбæджы пи- рæнгæмттау. Дзæбæх рафидыдтой ног уард миты тъыфылтæй æн- гуз бæлæстæ кæртыты, дыргъы бæлæстæ — дыргъдæт- ты æмæ цæхæрадæтты. Урс дарæсæй сæхи сфæлыстой’ бæлæсты бæгънæг сау къæбыртæ. Хъæууынгты æм- бæндтæ, кæм кауæй, кæм та сындзы къутæрæй, æгуып- пæгæй лæууынц арф миты бын, цыма сæ урс пæлæз æф- сæн тæлытæй нылхъывта, уыйау. Мит йæ уæз æруагъта хъæмпæй кæнæ æмбæрзæн ду- рæй агъуыст зæхкусджыты хæдзæрттыл. Афтæ зынди, цыма мит æрыфснайдта чъизи уæлхæдзæртты æмæ сæ* æрæмбæрзта хæрзæхсад, урс-урсид кæлмæрзæнтæй. Æрцыд зымæг æмæ йемæ æрхаста мит. Раст цып- пурсæхсæв мит рауарыд æмæ урс-урсид пæлæзæй бам~ бæрзта хъæуы фæндæгтæ æмæ уынгтæ. Фенцад мит уарын, уайтагъд ныццавта уазал. Ал- цæппæт ныссалд, ныйих. Фæлæ зæронд уард миты цы- боны хъарм уыди, уый æддæмæ хъардта æртæхгай; æр- тæхтæ их кодтой æмæ чурчхелайы хуызæн ихын къæ- цæлтæй зæу-зæу кодтой бæлæсты къабузтæй, æмбæнд- тæй æмæ уæлхæдзæрттæй... Æхсæв мæйдар нæ уыди. Мæй-иу куы рагудзйцц кодта мигъты ’хсæн æрттывтытæгæнгæ, куы та-иу -йæ- хи фæстæмæ мигъты атыхта. Афтæ зынди, цыма сау 190
мигътæ æмæ мæйрухс бацыдысты лæгæй-лæгмæ тохы #мæ куы сæ иу фæтыхджындæр вæййы, куы се ’ннæ. Хъæу рагæй уыд тарф фынæй, адæймаг йæ фæллад #цæгæй кæм суадзы, ахæм фынæй, канд рæвдаугæ нæ„ фæлæ. Хъæуæй хъæлæба нал цыд, ныхъхъус сты боны зæлтæ æмæ хъæртæ, нæ хъуысти адæймаджы къæхты хъæр. Нырма ныртæккæ чи рауарыд æмæ уазалмæ чи. фæхъæбæр, уыцы митыл нæма уыди адæймаджы фæд.... Хъæу ныхъхъус, ныссабыр, æрмæст-ма-иу стæм хагг куы иу ранæй, куы иннæ ранæй фехъуысти къæрцхъус куыдзы рæйын. Иууылдæр, иууылдæр фынæй кодтой... Æрмæст иу- нæг адæймаджы йеттæмæ. Уыди иу хæдзар æмæ уым нæ фынæй кодта иунæг ус. Рухс нæ цыд уыцы хæдзарæй дæр, æрмæст артдзæ- сты нымæг сыгъд кодта стыр къодахы кæрон, растдæр зæгъгæйæ, судзгæ нæ, фæлæ куыддæр йæ хъуынтъыа фæздæг цыд. Къодахы кæрон æмырсыгъд кæм кодта, уым сзынги æмæ-иу куы фæпæртт кодта, уæд-иу дыдзы рухс ферттывта хæдзары къуымы. Артдзæсты, фæныкмæ æввахс, хуыссыди куыдз*. Куыдз сæмбырд кодта тæвд фæнык, йæ раззаг къæх- тæй æмæ йæ фæстаг къæхтæ баиу кодта, къуыбылойау стымбыли; йæхи æрымбæрзта йæ хъуынджын къæдзи- лæй, йæ бырынкъ йæ къæдзилы ныссагъта æмæ бафы- нгей. Куыдзæй иу цасдæр æддæдæр, — арты тæккæ цур’ астæрдыл бауат кодта æмæ тарф фынæй кодта цавæр- дæр зæронд ус. Зæронд усы фарсмæ тæрхæгыл хуыссы- ди, сынтæгæй йæ бон рахизын кæмæн нал у, ахæм ра- гон рынчын ус; ус батад, баруад, мæлæты къахыл лæу- уы. Гъе, æрмæст иунæг уыцы ус æгас хъæуы уæлдай нæ уыди фынæй. — Чи мæм сиды, чи? — арæх дзырдта йæхинымæр. æнæ хуыссæджы хай рынчын ус, æниу иунæг дзырд, иу- нæг сыбыртт дæр никуыцæй цыди. — Цæугæ, цæугæ!' Кæдæм мæм сиды мæ зæрдæ? Кæдæм мыл хæцы, цæ- мæн? Æмæ рынчын ус æнæбары базмæлыд, батæлфыд йæ- бынаты. — Цымæ фæхæццæ уыдзынæн? — фарста йæхи. — Ех, мæ бон куынæуал у фезмæлын! Фæндагыл куы> ахауон, куы амæлон æмæ куыйтæн холыйаг куы фæуон, уæд та? Цæмæ мæм сидыс? Цæмæн? — Ныр хъæрæй, 191.
•схъæрзыдта, кæмæдæр фæхъæр кодта æмæ уайтагъд Ææ цæсты зул фæдардта, арты фарсмæ чи схуыссыд; уыцы усмæ: ома нæ райхъал, нæ йæ хъусы! Æрмæст куыдз базыхъхъыр кодта йæ цæстытæ: фыц- цаг æмыр бахъуыр-хъуыр кодта, фæлæ куы федта, уый .æрмæст йæ хицауы уынæргъын у æмæ дзы æцæгæлон ничи ис, уæд та йæ хæмхудтæ йæ къæдзилы фæцавта æмæ та раздæрау æнæмæтæй бафынæй. Зæронд ус тарф фынæй кодта. — Фынæй у! — йæхинымæры загъта рынчын ус. — Æз дæр тагъд бафынæй уыдзынæн! Удхæссæг мæм дуар ж>йы. Бафынæй уыдзынæн æмæ, — табу хуыцауæн, — нал райхъал уыдзынæн... Æгъгъæд мын у! Загъта æмæ ныхъхъуси, цыма басабыр, банцад йæ рисс. — Ноджы та мæм сиды!.. Сиды мæм!.. Абон йæ гуы- рæн бон у!.. Абон райгуырди... Цæуын, цæуын! Загъта æмæ тыхæй рабадæгау кодта йæ хуыссæны. Иæ дарæс уыди йæ нывæрзæн. Йæ къæхтыл скодта хъарм цъындатæ, скодта хъарм куырæт, уый æддейæ скодта къаба, йæ сæрыл æрбаста сау кæлмæрзæн, æр- бырыди хуыссæнæй, йæ къæхтæ дзабырты акъуырдта, фæлæ йæ тых асасти æмæ йæ бон фезмæлын нал бацис йæ бынатæй. Фæцудыдта, фæлæ та йæ къух сынтæгмæ быцæу авæрдта кæд нæ ахауин, зæгъгæ. Иучысыл алæууыд æнæзмæлгæ, йæ къухтæ не суæгъд кодта. Чысыл æрчъицæгау кодта, бавнæлдта тæрхæджы цурмæ лæдзæгмæ, æмæ цадæг рацыди хæдзарæй. Ра- хызт кæртæй, дарддæр цыди цухмухтæгæнгæ, йæ дыууæ къухæй æнцой кодта лæдзæгыл. Рынчын ус кæртæй куы рахызт æмæ фæзилæн уын- джы ног уард мит куы федта, — иунæг адæймаджы къахдзæф дæр ыл нæ уыди, — уæд загъта: — Адæймаджы æвзæр, чъизи къах иæма аныдзæвд æмæ нæма счъизи кодта ацы æнæтæригъæд миты!.. Но- джы та мæм сиды!.. Цæуын, цæуын! Къæрцхъус куыдз æнæбазонгæ нæ фæци, йæ хицау хæдзар кæй ныууагъта æмæ кæй ацыд, уый. Куыдз сы- стади, иу-дыууæ хатты ацагъта йæ хъуыны ныббадгæ фæнык, ныззæмбыдта, айвæзта фыццаг йæ раззаг къæх- тæ, стæй йæ фæстаг къæхтæ, ноджы дæр та ныззæм- «быдта, йæхи айвæзта æмæ зивæггæнгæ ахъеллау кодта нæ хицауы фæдыл. Рахызти тыргъмæ, фæлæ йæ хицау нал зынди. Æргæпп кодта кæртмæ, æрысмыста митыл 192
ног фæдмæ æмæ цадæг, къаннæг къахдзæфтæй сиргæ арасти йæ хицауы фæдыл. Фæлæ зæронд ус нæ базыдта, рынчын кæй ахъуы- зыд æмæ кæй афардæг, уый. Уый раздæрау уыди тарф фынæй. Æппындæр куыд ницæмæй уыдысты æмхуызон, чи хуыссыд, уыцы ус æмæ чи ацыд, уый! Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: цард, дам, кæмæн хи фыд у, кæмæн та кæнгæ фыд. XXII ÆЛГЪЫСТАГ ФАРСТ Уыди цыппурсбон, сæумæрайсом. Бон-ма дзир-дзур кодта, афтæ дыууæ тушаг фиййауы комы дымæджы уæ- тæрæй рахицæн кодтой цалдæр фыры æмæ иу-фондз далысы æмæ сæ скъæрдтой хъæумæ. «Фæци мархо, ра- лæууыд цины бон, чизоны нын ауæй уой!». Уыди тьшг уазал. Фырытæ узгæ цыдысты митвæндагыл, сæ фæх- сынтæ тилгæ. Фиййæуттæн афтæ уазал уыди, æмæ сæ къухтæ сæ риуыл дзуарæвæрд скодтой æмæ сæ сæ дæ- лæрмтты хъарм кодтой, сæ лæдзджытæ размæ зынды- сты сæ дæлæрмтты тъыстæй. Сæ фæндаг цыди хъæуы уæлмæрды цурты, стæй зылди тæссармæ уынгыл хъæумæ. Куыддæр уыцы фæн- дагмæ рахæццæ сты, афтæ уæлмæрдæй фехъуыстой ни- уын. — Уый цæй ниуын у? — бафарста сæ иу. — Кæд гиенæ* у æмæ исгæй ингæн къахы? Цæй фæ- тæрсын æй кæнæм, уды бæстæ нын уыдзæн? — загъта иннæ æмæ йæ ронæй сласта дамбаца. Райхъуыст гæрах æмæ ниуын иу уысмы бæрц фæ- нымæг, стæй та ногæй райхъуыст. Ныр ниуынимæ хъуы- сти хъыллист дæр. — Цом, фенон æй, кæддæра циу, — загъта сæ иу ту- шæгтæй æмæ арасти уæлмæрдмæ. Уæлмæрдмæ æввахсгомау бацыд æмæ дзы федта — куыдз кæйдæр уæлмæрды обауыл бады. Бады йæ фæ- стаг къæхтыл, йæ раззаг къæхтæ быцæу сæвæрдта сы- * Гиенæ — фыдхор цæрæгой. 13. И. Чъавчъавадзе 193
джытмæ æмæ ниудта, йæ къубал хъæуырдæм радаргъ кæнгæйæ. Фæдис кодта фиййау. Бацыди æввахсдæр æмæ сагъ- дау аззад, цыма цæвæгхъæд аныхъуырдта. Куыдзы цур. уыди усы мард. Ус цæхгæрмæ ныффæлдæхт ингæныл,. йæ къæхтæ разындысты ацырдæм, йæ къухтæ та æх- хæстысты ингæны фаллаг фарсмæ, цыма йæ уæлмæрды уæлæ цы марды дур уыди, уый дæр æмæ йæ быны ны- гæд чи уыд, уый дæр йæ хъæбысы бакæнын фæндыди,. афтæ. Дис бафтыдта уыцы æбуалгъы хабар тушагыл æмæ йе ’мбалмæ фæхъæр кодта. Фæлæ йын дзуапп нæ рад- та, фæаууон хъæумæ базилæн фæндагыл æмæ йын йæ- хъæр нæ фехъуыста. Раздæхт фæстæмæ тушаг, цы æбу- алгъы хабар федта, ууыл дисгæнгæ. «Цы йæ ’рхаста ардæм, ацы уазалы? Цæмæй амар- даид?» — хъуыды кодта фæндагыл тушаг фиййау. Баййæфта йе ’мбалы æмæ йын радзырдта хабар. — Акæс-ма, йæ хицауы нæ ныууагъта куыдз! — загът та йын йе ’мбал. Арфæгонд цæрæгой у, арфæгонд куыдзГ Фиййæуттæ, уæлдайдæр тушаг фиййæуттæ, хорз зо- нынц, уыцы цыппæркъахыг цæрæгой æцæгдæр адæйма- гыл иузæрдион кæй у æмæ йæм раппæлыны аккаг хорз миниуджытæ кæй ис, уый... Хабар радзырдтой хъæуы. Кæд бæрæгбон уыди, — цыппурс, — уæддæр адæм чысылæй-стырæй, усæй-лæгæй атындзыдтой уæлмæрдмæ. Базыдтой мард усы — уый уыди Отараты идæдз. Ин- гæн та уыди (цымæ дзурын хъæуы уый дæр?) Гиуæр- гийы ингæн. Уæд куыдз та? Куыдзы кой та чи кæны! Хъæр, хъæлæба фестад бæстæ. Чи цы дзырдта, чи цы. Уыди, цæуыл дзырдтаиккой, уый! Райдыдтой алыхуызон ныхæстæ. Ныхасыл кæй фе- сты, уымæ гæсгæ саэ- ферохи марды кой бакæнын. Иу- уылдæр цыбæлæй хъуыстой, чи цы дзырдта, уымæ, æмæ- иу ныхасгæнджыты чыр кæм ауыдтой, кæнæ-иу сæ хъус хъæрæй дзурын кæцæй ацахста, уырдæм-иу атахтысты. — Басасти уыцы æндон ус дæр! — дзырдтой иутæ.— Ракалд уыцы бæлас дæр, æниу тынг фидар уыдысты йæ уидæгтæ. — Зын у мадæн йæ иунæг лæппуйы амард! Уымæй дæр цахæм лæппу уыди! —дзырдтой устытæ. — Гъе, уы« мæй басаст, уый бадомдта уыцы домбай усы. 194
Бирæтæ хъыг кодтой. Отараты идæдзæн йæ царды кæрон афтæ кæй рауади, ууыл, фæлæ йыл кæуæг нæ уыд. Зын у, цæстысыг кæуыл не ’рхауа, уымæн а-дуне- йæ ацæуын. Фæлæ цы? «Чи амард, — уый йæхицæн амард», — дзурынц зæхкусджытæ. Уый æцæг нæу, æви цы? Нæ, уый алы хатт раст нæ вæййы! Уыди иу лæг, æмæ уый дзырдта, зæгъгæ, Отараты идæдз амарди канд «йæхицæн» нæ, фæлæ уымæн дæр. Уый уыди куырой- гæс Сосиа. Иу дæс æмæ ссæдз азы размæ уый бауарз- та уыцы усы, чызг ма куы уыди, уæд. Барвыста йæм курджытæ дæр, фæлæ йæ аккагыл нæ банымадтой. Уæ- дæй фæстæмæ йæ цæрæнбонты никæй уал равзæрста, æндæр никæй уал райста йæ зæрдæ. Ус идæдз куы баззад, уæд ма Сосиамæ иу хатт сæв- зæрди йæ ракурыны фæнд, фæлæ йæхицæн загъта: — Уымæн ахæм лæг уыди, æмæ æз йæ ныхы сæры аргъ дæр нæ дæн! Нæ, уый хъару мæм нæй, нæй! Загъта, — æмæ дзы аргъуц кæй кодта, уæздан ми кæй кодта, уый тыххæй йе ’мгæрæтты дæр нал ауад Отараты идæдзæн. Ныр куыройгæс Сосиа йæ уæрджытыл æрхауд идæдз усы марды раз, йæ къух ын нылхъывта æмæ хæкъуырц- цæй кæуы. — Сыст уæлæмæ, цы ниуыс æнæхæдзар куыдзау! — фæхъæр ыл кодта чидæр лæппутæй йе ’мбæлттн ацр- хæфсынæн. — Ай дæр мын æрбабырыд адæмы ’хсæн! Дæу та цы хъæуы? — Афтæ ма дзур, мæ лæппу, — алы хаттау æфсæурм- дзæстыгæй загъта кæугæ, ниугæйæ. — Кæмæй цы рис- сы, уымæн чи цы зоны... Сосиа-ма чизоны ноджыдæр исты бафтыдтаид йæ дзырдмæ, фæлæ уыцы уысм, тагъд-тагъд кæй ацарæз- той, уыцы лæггуыф куы ’рбахастой, цæмæй йыл зианы æрывæрдтаиккой, уæд чидæр фæкалди куыройгæсы къахыл æмæ смæсты. — Ай та кæцæй фæци? Ралли-балли кæны, дзæгъæл- Дзу, адæмы къæхты бын! — загъта æмæ зæронд лæджы йæ къахæй скъуырдта. — Ацу, фесæф ардыгæй! Зæронд лæг миты ныххауд æфхæрд, ссæстæй. Стæй та тыхæй-фыдæй сыстад æмæ, йæ кæрцы къæриты фæч- 1штæ цæгъдгæ, загъта, чи йæ асхуыста, уымæн: — Мæ амонд нæ уыди, цæмæй йыл йæ удæгасæй фæ- Дин кодтаин, сымах та мæ кæуын нæ уадзут йæ мар- 195
дыл дæр! Æнамонд дæн, мæ лæппу, æнамонд! Батæ- ригъæд мын кæн! Æмæ, æцæгдæр, куыннæ йын хъæуы фæтæригъæд кæнын? Фæлæ дунейы кæй хъысмæт нæу тæригъæддаг? Уый дын ноджы дæр иу æлгъыстаг фарст ацы æгæ- рон хæццæ-мæццæ дунейы.
МÆГУЫРГУРЫ РАДЗЫРД Цы бакæна дæсны хъазæт., Рæстæгыл шаш куы нæ ’рхауа. I Æз, раст цуаны бæллиц кæй фæзæгъынц, уый дæн. Диссаджы уарзт кæнын тар хъæды бæласы бын æрба- дын æмæ, зиæт зæрдæйæ, цы сырды фæдыл бафтын, уый хъахъхъæнын. Цавæрдæр æнæкæрон æхсызгондзи- над ис ацы зæрдæахсæг мийы — цуан кæныны. Кæд уæ фæнды, уæд сразы уыдзынæн ууыл дæр, æмæ цуан кæ- нын кæй у тæригъæдджын хъуыддаг: алы змæлæг дæр хуыцауы фæлдыст у, ацы æнæкæрон дун-дунейыл æп- пæт змæлæгойтæ цæрынмæ æмбарджын сты. Фæлæ цы сараздзынæ? Фыццаг туг æнæтæригъæдджын зæххыл кæй ныккалдæуыди, уый уыди адæймаджы туг, æмæ йæ калгæ дæр ныккодта адæймаг йæхæдæг. Адæймаг тугмондаг у, æмæ æз дæр адæймæгтæй дæн. Цъусхæт- тыты нæ федтон егарты саджы сургæйæ. Кастæн æм æмæ алы хатт дæр йæ бархион рæсугъддзинад тых код- та ме ’мбарынадыл. Иæ къалиуджын сыкъатæ фæстæ- мæ аппаргæйæ, уайы, йæ тых ратгæйæ, рæсугъд æмæ сæрыстырæй, йæ фæдыл та вæййы йæ сурæг куыдз, рæй- гæ-рæйгæ. Лидзы, мæгуырæг, куыдзæй æмæ хæрхæм- бæлд фæвæййы адæймагыл, ахæм рæстæджы куыдзæй æнæхатырдæр æмæ æнæууæнкдæрыл. Сцырдхъус уæ* вæг цуанон дардæй хъусы уайгæ саджы къæхты хъæр, хъусы саджы згъорд æмæ быхсындзинадæй рæсийы æмæ нæрсы йæ тугмондаг зæрдæ. Фæлæ мæнæ саг æрбахæц- цæ æхсты бæрцмæ, къутæрты æмæ бæлæсты сыфтæрты ’хсæнты зынын байдыдта йæ тарст, æнкъард æмæ знæт сæр. Куыдз æй æрбаййафы. Саг, йæ зæнгтæ размæ фе- вазгæйæ, къутæрты сæрты фатау атæррæст кæны. Уый афтæ æнхъæлы, ныртæккæ фæивгъуыйдзæн йе знагæй, аирвæздзæн йæ уарзон хъæдмæ æмæ уым ссардзæн та- 197
сæй едзаг сæрибардзинад, фæлæ нæй, — æз ныхситт кæ- нын. Бакæсут ма йæм, куыд знæт æндзыг ацис, куыд æнæфенгæ рæсугъд æгъдауæй фесхъæл кодта йæ сæр, йе ’нкъард цæстытæ, фыртыхстæй дзæгъæлтæгæнæг æн- гасы, цас æбуалгъы тасдзинад æмæ ныфсхастдзинад ис, куыд сцырдхъус ис, арф куыд сулæфы уæлдæф йæ пæ- лæхсар фындзы хуынчъытæй, цæмæй рахата йе знаджы тæф. Уый афтæ рæсугъд у, афтæ хæрзконд у, æмæ ма йæм хæрзконддзинады уæлдай ис уый бæрц æнкъарæн- джын сæрыстырдзинад æмæ афтæ зыны, цыма уый, æрдз уымæн цы хæрзиуджытæ ратта, уыдон сегас дæр æрымбырд кодта, цæмæй йæ фендтаг хæрзконд æмæ рæсугъддзинадæй фæфæлмæн кæна йе ’нæзонгæ зна- джы. Фæлæ адæймаг афтæ фæлмæнзæрдæ нæу, цæмæй фæхатыр кæна уыцы рæсугъддзинадæй. Уæлдæф су- лæфгæйæ æмæ адæймаджы тæф фæфиппайгæйæ, саг сфæнд кодта алидзын, фæлæ фæцыди топпы гæрах, æмæ ма чысыл раздæр цардæфсæст чи уыд, уыцы сæрибар саг æрхауд нæууыл, уыцы нæууыл, æппæты фыццаг йæ цæстытæй кæй риуыл ракаст, цæмæй раарфæ кодтаид дунейæн æмæ та сæ уыцы нæууыл фæстаг хатт бацъынд кодта, цæмæй хæрзбон зæгъа дунейæн æнусты бонтæм. Кæрдæджджын нæуу уыдис йæ авдæн, æмæ, боныфæ- стагмæ, уый сси йæ ингæн дæр. Фенын хъæуы, куыд сабыр, куыд æнцад-æнцойæ амæлы ацы сæрибар, сæры- стыр сырд, фæлæ-иу йæ цæссыгтæй едзаг цæстыты æз кæддæриддæр бакастæн: Мæ марæг! Дуне у егъау æмæ уæрæх. Ацы æнæкæрон дунейыл æз, æнæаххосджын æмæ æнæхъыгдаргæ сырд, цы зæххы гæппæл ахстон, уый дæм цы хæлæг фæкасти?.. Ацы ныхæстæ æнкъард кодтой зæрдæ, цалынмæ сыджыт уыцы ныккалгæ туг цъырдта, уæдмæ, фæлæ туг зæххы куы ахъардта бын- тон, уæд-иу мæ зæрдыл æрбалæууыди: — нæхæдæг дæр, царды æлдариуæггæнджытæ, нæхæдæг, удгоймæгты фи- дыцтæ, ыæхæдæг дæр, хуыцауы цæсгомхуызтæ, кæрæ- дзийæн куы нæ хатыр кæнæм ахæм зæххы гæппæл. — Куыддæриддæр-иу ахъуыды кодтон, зæгъгæ, къах æры- вæрыны бæрц зæххы гæппæл алы ран дæр, адæймаг кæуыл уæз кæны, уый бацъырдта армыдзаг адæйма- джы туг, — уæд-иу мæ зæрдæ фæсабыр ис æмæ-иу, мæ- хи раст æнхъæлгæйæ загътон: «Уый дæр хæрзиуæг у, мæхи æгомыг, æмæ уым кæй мæлыс, цы ран райгуырд- тæ! Мах, адæймæгтæ, уыцы хæрзиуæгджын амондæй дæр арæх вæййæм цух». 198
II Иæ хъæуæй фынддæс версты дæлдæр куы ауадаик- кат, уæд уЫх\1 уыдис заманайы цуангæнæн бынæттæ. Æмæ æрмæст уым нæ. Алыран дæр нæ арфæгонд зæх- хыл, гутондартæ куыд акæнынц, зæгъгæ, «Есойы Чы- рысти кæм ацагъта йæ нæртон пæлæз», уым алыран дæр ис хорз бынæттæ. Цы дæ фæнды: ис дзы, райдайут хæрзконд сагæй æмæ фæут уæзбын хъæддаг хуыйæ, кæнæ æрхъуыдыджын арсæй. Мæргъты та нымайгæ дæр нæ бачындæуыдзæн. Фæлæ æз уæлдай уарзт кодтон, æрдæбон цы бынæтты кой кодтон, уыдон, нæ хъæуы дæлийæ. Æз хорз зыдтон уыцы бынæттæ. Цы ран дзы нæ уыдтæн, ахæм бынат мын дзы нал баззадис, зынд- гонд æмæ мын бæрæггонд уыдысты сырдджын бынæт- тæ. Æз-иу уырдæм ацыдтæн дыууæ кæнæ æртæ боны æмгъуыдмæ, куы-иу æризæрмилтæ, уæд-иу æрцыдтæн иу чысыл хъæумæ. Ам царди мæ цытджын хæлар (нат- лиа), иу гутондар. Уымæ-иу ме ’хсæв арвыстон æмæ та-иу райсом, арв бæлонгъуыз дзир-дзуртæ куы рай- дыдта, уæд-иу æрфардæг дæн астыммæ. Уыцы бынæтты дыууæ мæйы бæрц никуы уал уыдтæн, фæстагмæ мæ æрфæндыдис, куы та сæм ныззилин, уый. Иу хатт, за- манайы сæрдыгон райсом райстон дыууæ лулæджыны, куыдзмæ фæсидтæн æмæ араст дæн мæ фæндагыл. Мæ хæлар цы хъæуы царди, уый хæд кæрон, æм- бæндтæ кæм райдыдтой, тæккæ уæрдонвæндаджы бы- лыл ныццауындзæг ис скъæты фарсыл арæзт зæронд зыгуымдон. Зыгуымдоны алварс хæдзары бынæттæ дæр нæ зындысты. Уый уыди, æвæццæгæн, ахæм бинонты, æмæ чи сыскъуыдысты, кæннод та искуыдæм чи алыгъ- дысты, дзæгъæлзад æмæ адæмæй рохгонд, йæ хицау куыд ферохи адæмæй, афтæ. Уый уыд растдæр фæнда- джы хæд былыл, æмæ-ну æз дæр, кæй зæгъын æй хъæ- уы, йæ фæрсты арæх цыдтæн дыууæ ’рдæм, фæлæ-иу кæддæриддæр рацыдаин, хæрдмæ, йе уырдыгмæ, — æз уым удгоймаг никуы никæй федтон. Федтон-иу æрмæст иу хъæууон, мæллæг æмæ лæбырдрагъ бæхы, кæны-иу кæддæриддæр зыгуымдоны фарсмæ æхсыдта хурæй сыгъд кæрдæг, уымæн æмæ нæ фæрæзта дарддæр ацæ- уын. Фæлæ ацы хатт, зыгуымдоны фæрсты рацæйцæу- гæйæ, æз уым федтон цахæмдæр адæймаджы. Уый хуыс- сыдис скъæтмæ бахизæны. Уый ницы. Ноджы та рай- сом хъæуæй куы рацæйцыдтæн, уæд бакастæн зыгуым- 199
донмæ, уыцы адæймаджы та йæ мидбынаты хуысгæйæ ауыдтон. Изæры тар рухсыл нæма фæтых, афтæмæй раздæхтæн хæдзармæ æмæ та федтон уыцы æнæзонгæ- йы. Уый хуыссыди иудадзыгдæр уыцы иу уавæры. Æз уæлдай дис фæкодтон, йæхи еттæмæ дзы уым иунæг уд- гоймаг дæр кæй нæ уыди, ууыл. Сфæнд кодтон абон изæры æнæмæнгæй мæ хæлары бафæрсын, чи у æмæ кæцæй æрцыд ацы адæймаг. Мæ хæлар мын дзуапп рад- та: — Цы дын загъдæуа, дæ рынтæ бахæрон! Чи у æмæ кæцæй æрхаудта, уый ам ничи зоны. Цахæмдæр æнæ- хæдзар æмæ æнæхииау мæгуыргур у. Ныр мæй æмæ æр- дæг уыдзæн, афтæ ардæм æрхылд æмæ уым æрбынат кодта. — Æмæ быны-бынтон иунæг у? — Нæ зонын, дæ рынтæ бахæрон! Уым йæ цуры иу- нæг зæрдæрисгæ хæстæг, кæнæ хицон дæр ничи ис. — Уæдæ йын хæринаг та чи дæтты? — Дзыллæ. Бирæ адæм цæуы уыцы фæндагыл, чи уырдыгмæ, чи хæрдмæ: фæвæййы бæлццæтты ’хсæн ахæм лæг, æмæ йын бадæтты иу-дыууæ кæрдзыны къæ- бæр. Æмæ йæхæдæг дæр æндæр ницы домы, æрмæст кæрдзынæй дæр фæразы цæрын. — Куыд зыны, афтæмæй уый ардыгон нæу! — Цытæ дзурут!.. Ардыгон куы уаид, уæд æй афтæ куыд ралгъыстаид хуыцау æмæ йын ма разындаид, чи йæм æркастаид, ахæм. Нæ, ардыгон нæу. — Искуы миййаг уыцы лæджимæ ныхасмæ æрлæу- уыдтæ? — Куыд нæ, ныхас кодтон. — Æмæ ницы радзырдта йæхи тыххæй? — Нæй. Фæлæ йын куыд хорз дзыхы ныхас ис, мæ- гуырсар. — Чизоны æмæ йæ дæхæдæг фæрсгæ дæр нæ бакод- тай? — Куыд нæ йæ фарстон, фарстон æй. Иухатт мын мæнæ куыд загъта: «цæмæн дæ хъæуы, æз, дам, чи æмæ кæцæй дæн, уый? Æз, дам, дæн, кæй ныууагъдæуыд æмæ кæй ферохчынд, ахæм. Æрбакæс мæм, ме ’фсымæ- ры хай, æмæ мæ базон, цы уыныс, йе уый, дам, дæн». Æндæр ницы загъта йæхи тыххæй, æмæ йæ æз дæр уæ- дæй фæстæмæ нал бафарстон. Афтæ æнхъæл дæн, цы- ма æмбæхсгæ кæны. Стыр дисы бафтыдтой мæн уыцы хабæрттæ. Æрдзæй 200
æз уыдтæн цымыдис адæймаг æмæ сымахæн дæр зын бамбарæн нæ уыдзæн, куыд сдыгъуырццæг кодтой мæн мæ хæлары ныхæстæ, куыд мæ æрфæндыд уыцы адæй- магæн йæхи æмæ йæ хъысмæт базонын. Цæмæн æй ба- хъуыди æмбæхсыны сæр? — хъуыды кодтон мæхины- мæр. Æз сфæнд кодтон, цыфæнды дæр фæуа, бафæр- сын уыцы мæгуыргурæн йæхи, чи у æмæ кæцæй æрцыд,. уый. Иухатт, фæсцуан, афтид армæй æрцæйæздæхтæн мæ хæлармæ. Иттæг фæллад уыдтæн æдзæлгъæды хъел- лауæй. Хур ма бæрзонд уыдис арвыл, уыд найæ галтæ суадзын афон. Æз ауыдтон уыцы æнамонды боны гуырд адæймаджы. Уый раздæрау хуыссыд уыцы ран. Мæ цы- мыдис ноджы скарздæр ис æмæ уæд сфæнд кодтон: цыфæнды дæр уа, уæддæр æм хъуамæ бацæуон. Чизо- ны мын- бантыса æмæ мын йæ хабар радзура, уæддæр бафæлладтæн, мæ хæлары хæдзармæ та ма дзæвгар ауайын хъæуы, куы ницы мын радзура, уæддæр мæ къæхты фæллад суадздзынæн. Бацыдтæн æм æмæ йын «дæ бон хорз» загътон. — Хуыцау дын бирæ цæрæнбонтæ раттæд! — дзуапп радта хус хъæлæсæй æмæ мæ, æвæццæгæн, мæн æлдар фенхъæлгæйæ, йæхиуыл рахæцыд слæууынмæ, æгъдау раттыны сæраппонд. Æвæццæгæн ын уыцы рабадт афтæ æнцон нæ уыд. Цыма дзы исты фæрыст, афтæ хъизæмарон æлхынцъ акодта йе ’рфгуытæ, йæ цæсгом сынцъылдтытæ кодта. Низæй быны-бынтон ныххус, ныммæллæг. Йæ бур цæс- гомыл фæзынд тарбын стъæлфытæ æмæ ныррæсыд, мæ- нæ доннизæй рынчын куыд ныррæсийы, афтæ. Иæ сæры хил æмæ йæ урс боцъотæ чъизийæ афтæ ныууадысты, цыма цæрæнбонты доны хъæстæ никуы фесты, кæнæ сыл сæрвасæн не ’руагъдæуыд. Йæхи ныуæрста уырыс- саг шинелы бызгъуырæй. Уыцы æнамонд хуыссыд хуын- чъытæ æмæ лæзæрдтæ лекъаг уæйлаг нымæтыл. Иæ фæстæ лæууыд састдзых дурын, йæ фарсмæ та дæрзæг уырыссаг рагожæйæ хызынгонд æмæ иу егъау «къом- бали»* — мæгуыргурæн йæ иузæрдыг æмæ æууæнкджын æмбæлццон. Куыд зыны, афтæмæй йæ фыдцард æна- Уæрдонæй уыгъта, фæлæ ма йæм ахæм цыдæр уыдис, æмæ чи æвдыста йæ зæрдæйы æхсардзинадыл нырма. кæй нæ фæуæлахиз сты царды уæззау тымыгътæ. Иæ- * Къомбали — тымбыл сæрджын лæдзæг. 201
зæндджын -æмæ фæлмæцыд цæстытæ кастысты дунемæ æнкъард æмæ тызмæгæй, фæлæ уæддæр уыцы мæгуыр- гуры цæстæнгасы æнкъардæуыд тых æмæ хъæддыхдзи- над, сæ хицау кæй фæци зынджы-фæлварæнты, иу хатт ыл миййаг куы нæ схъызыди, фæлæ артæн дæр æмæ хъызтæн дæр сæ бон нæ баци амарын, сæ хъару цы уы- ди, уымæй. Уый уыдис æнæхъæнæй стыр æлгъаг фенд- таг æмæ ма бафтаудзынæн уымæ ноджы — тæригъæд- таг, фæлæ уый зæгъын нæ уæндын: уæд мæн мæнг кæ- ны йæ цæстыты сæрыстыр æнгас. Иæ иттæг егъау, æбу- алгъы рæсыд къæхтæ зындысты шинелы бынæй. Сæ хъæдгæмттæй лæдæрсти хæф. Хуыцау, ныххатыр мын кæн, уыдæттæ фенгæйæ, мæ зæрдæ афтæ схæццæ, æмæ иннæрдæм азылдтæн. — Цы, дæ зæрдæмæ нæ фæцыдтæн, хорз лæг? — къуындæг æмæ æнкъард хъæлæсæй бафарста мæн мæ- гуыргур, фæлæ йæ хъæлæсмæ гæсгæ рахатыдтон, цыма мын уый уайдзæф бакодта. Æз та йæм ногæй бакастæн: йæ цæсгомыл фæзынди хъынцъымджын, йе та фыдæхы, кæнæ уайдзæфы мидбылхудт. Æз фефсæрмы дæн æмæ мæ сæр ныггуыбыр кодтон, йæ тызмæг цæстæнгас ын нал бауромгæйæ. Æз æнкъардтон мæ цæсгом худина- гæй пиллон кæй калы, уыцы лæджы æргом æмæ æх- сарджын фарст кæй райстон афтæ удмæллæгæй. Æз ын йæ фарстæн дзуапп нæ раттон, æмæ йын æвæдза зæгъын та цы мæ бон уыди? — Ды раст дæ, — дзырдта уыцы æнамонд ахæм хъæ- лæсæй, цыма мын фæтæригъæд кодта æмæ йæ фæндыд мæн барæвдауын. — Ды раст дæ. Къуыдыркæлмытæ мæн удыгасæй хуычъытæ кæнынц. Мæхицæй мæхи зæр- дæ дæр хæццæ кæны, æмæ дæуæн цы диссаг у! Ме ’нæхсар зæрдæйы бон уæддæр нæма басабыр, æцæг цыма йæхæдæг цæттæ уыд мæ æнарæхстдзинад мын сраст кæна. Фæлæ цæй сраст кæнындзинад уыдис уый? Æз тарфдæр фергъуыйау дæн. Уыцы минутыл æз мæхимæ хæрам цæстæй кастæн. Цы ма йыл дзурон. Мæ разы хуыссыд æрдæгудæгас лæг, дуне кæй ферох. код- та, ныфс æмæ рæвдыддзинад кæмæн нал уыдис. Ацы лæджы иттæг хъуыди зæрдиагæй æркæсын æмæ барæв- дауын, æз та сырдау уымæй мæ бырынкъ мæсты-æл- гъаджы къуырд акодтон иннæрдæм. Ацы ран мæнæн срастгæнæн нæ уыди. Æз хъуамæ сыстадаин, ракуырд- таин дзы хатыр æмæ уымæй сраст кодтаин мæ фæсон ахаст. Мæн æрмæстдæр уый сраст кодтаид, фæлæ мæн- 202
Мгг уый бæрц хъару нæ разынди æмæ уыцы цæсгом- джын хъуыддаг сарæзтаин. Мæллæг у адæймаг, ох, куыд мæллæг у. — Æз ныр, цыппар мæйы у, ахæм уавæры куы ба- хаудтæн, уæдæй фæстæмæ, — райдыдта та уый ногæй.— Низ мыл стых, мæнæ мæ цы ранмæ æртардта! Афтæ, æнæхæдзар, æнæхицонæй сæфын мæнæ ацы кæлæтдзаг цары бын. Æгас дунейыл иунæг удгоймаг дæр ничи ис, мæныл чи фæкæуа. Адæм мæ куыд ферох кодтой, афтæ мæ удхæссæг дæр ферох кодта. Æнхъæлмæ йæм кæ- сын, фæлæ мæм нæ цæуы. Æвæццæгæн, хæларзæрдæ у, адæмау: исты хъуаг куы уай, уæд уый дæр æмбæхсы!.. Уадз æмæ ма ’рцæуæд... Хуыцауы фæрцы нырма мæм дзæвгар ис тыхтæ, æмæ мæ хъысмæт кæронмæ фæхæц- цæ кæндзынæн, ингæны къæсæрмæ... Уыдон сегас дæр афтæ, фæлæ кæцон дæн æмæ кæм мæлын!.. «О, мæнгард дуне, цавæр дæ, раппар-баппар нæ цы кæныс? Чи кæны дæуыл æууæндгæ, уыдон ныр мæнау куы кæуынц. Ды кæм халдзынæ нæ къона, чи зоны кæ- дæм нæ хоныс, — Чи у ныр дæуæй уæлдайгонд, уый нæ сафы арв, — нæ зоныс?» Раст у, ацы ныхæстæ дзурæг, дæ рын бахæрон! Ду- не мыл йæхи атигъ кодта, æнæхæдзар мæ фæкодта, фæ- лæ егъау у хуыцауы аудындзинад!.. Адæттæ дзургæйæ мæгуыргур йæ цæстытæ сдардта арвмæ. Æз та, æнцон бамбарæн уын уыдзæн, куыд æмæ цæй бæрц бафтыдтæн дисыл, бызгъуыртæй æнæбары æмбæрзт мæгуыргуры дзыхæй куы фехъуыстон Руста- велийы уыцы ныхæстæ, уæд. Цыт æмæ кад адæймаджы генийæн кæй ныхæстæ дæдтынц рæвдыддзинад мæлæты боны онг дæр суанг ахæм ныфсытæн, куыд ацы мæгуыр- гур. Æнцойад уæд де стыр удæн, æнæмæлгæ Руставе- ли! — Чи у уый? — загътон æз мæхинымæры. — Æвæц- цæгæн, ацы лæг ныр цахæм у, афтæ нæ уыдаид раздæр? Мæ цымыдисдзинад æппæт йæ арæнтæй ахызт, æмæ мæгуыргур йæхæдæг дæр нæ лæууыд йæ ныхасæй, æмæ мæ уæд ныфс бацыд, йæхи тыххæй дзы исты кæй ба- зондзынæн, зæгъгæ, æз æм хъуамæ радтаин фарст, фæ- лæ мæхи фæурæдтон, æрымысæггæгты уад ын, æвæц- цæгæн, сызмæлын кодта йæ фæивгъуыйгæ мастдзинад. Æз хуыздæрыл банымадтон багæдзæ кæнын: уадз æмæ аппырх уой уыцы æнкъарындзинады мигътæ æмæ йæ уæд бафарстæуыдзæн чи у, кæцæй æрцыд? Чысыл фæ- 203
стæдæр та мæгуыргур ме ’рдæм раздæхт æмæ мæм йæ сау цæстытæй дзæвгар-дзæвгар фæкаст. Мæнмæ афтæ фæзынди, цыма йæ цæсгомы хуыз фендæр ис. Ныр емæ ныхас райдыдæуаид, фæлæ бирæ фæхъуыды кодтон, зæгъгæ, цæмæй райдайон æмæ ницы ссæрфат кодтон. Кæддæриддæр афтæ вæййы, дæлдæр фæуа! Адæйма- джы сæр куы бахъæуы, растдæр уыцы рæстæджы нал фæарæхсы. Боны фæстагмæ сфæнд кодтон, зæгъгæ, рай- дайон, цы уа, уый уæд, нал дзы ис æнæдзургæ, исты æфсæрмдзинад дзы куы рауайа, уæддæр. — Ды, ме ’фсымæры хай, — загътон ын æнкъарæн- джынæй, — æвæццæгæн ардыгон нæ дæ, науæд ам аф- тæ æнæхицонæй иунæг нæ баззадаис. — Раст бафиппайдтат, — дзуапп радта уый. — Æ» ардыгон нæ дæн, мæ Райгуырæн бæстæ ардæм дард у^ фæлæ мæ райгуырæн бæсты дæр æнæхæдзарæй ным- мардаин, уым дæр мын, амау, никуы ничи баззад. — Ацы бæсты рагæй дæ? — Дзæвгар рæстæджы дæргъы, æлдар! Ацы фæззæг; кæд ма мыл æрцæуа, уæд фондз азы сыххæст уыдзы- сты. Фондз азы æнæуый дæр сæххæст ис, мæ райгуы- рæн бæстæйæ мæ куы сыстын кодтой æмæ мын уымæн хæрзбон æнусмæ куы зæгъын кодтой, уæдæй фæстæмæ. Æз сын куы ныббарон, уæддæр уыдонæн хуыцау нæ ныббардзæн, мæнæн ахæм митæ чи бакодта. — Уый та куыд æнусмæ хæрзбон? Сургæ дæ фæчын- ди, миййаг? — Фæнды дын уымæн дзуапп раттон, фæнды дын мæ- цард радзурон, уæлдай сæ нæй. — Æмæ радзур. Уым мæгуырау цы ис? — Нæ, мæгуырау, миййаг, куы нæ зæгъын, фæлæ мæ- уæддæр никæмæн фæнды мæ царды хабæрттæ радзу- рын. Уый ахæм хъæлæсæй загъта æмæ мæ уæд бæстон ныфс бацыдис лыстæггай ацы адæймаджы базонынæй, кæд мæ хынцфарстыты сæр бахъуыдаид, уæддæр. — Цæуылнæ дæ фæнды? Истæмæй миййаг тæрсыс? — Гъм, — йæ мидбылты бахудти мæгургур, — цæмæй хъуамæ тæрсон? — Цы ма дæ къуылымпы кæны уæдæ? Дæ хуыцауьр хатыр бакæн æмæ радзур! — ныллæхстæ йын кодтон, ит- тæг ныфс мæ нæ уыдис, афтæмæй. Дæу æз фыццаг хатт ам куы федтон, уæд дын иттæг батæригъæд кодтон, æниу... 204
— Æниу цы? — Ницы... Мæн фæндыдис зæгъын, æцæг мæм афтæ кастис, цыма бахъыгдардгонд адæймаг дæ, хъысмæтæй байрохгонд адæймаг, — æмæ афтæ æнæнхъæлæджы фæ- дæн мæ ныхас. — Радзур-ма, чи дæ, «нæ» мын ма зæгь, мæ зæрдæйы фæндоныл мын дæхи ма атигъ кæн! — Чи дæн æз? — загъта мын уый, æмæ ферхæцæгау кодта, цыма йæ уæддæр нæ фæндыди дзурын... III — Æз, раст куы зæгъон, — райдыдта ногæй мæгуыр- гур, — уæд дын ницæй тыххæй мæхи раргом кодтаин, мæ адзалы кæрон куы нæ ’нкъарин, уæд. Мæ бонтæ фе- сты, зонын æй. Æцæг мын дзурын зын у, фæлæ цы ба- чындæуа. Мæ зæрдæйы райгас сты аивгъуыйгæ хъуыд- дæгтæ, æмæ ма сæ цы сусæг кæнон? Æмæ, æвæдза, цæ- мæй ма тæрсон, ды дæр мæ куы банымудзай, уæд. Æм- бæхсыны фæнд куы скодтон, уыцы рæстæджы ма мын цард цух нæ уыди дзæбæхдзинæдтæй. Мæн уыдис исты мадзæлттæй — куыд фæнды дæр уæд, фыдæбонæй уæд, кæнæ хидæй, кæрдзыны къæбæр ссарын æмæ исты амæлттæй йæ царды бонтæ арвитыны ныфс. Фæлæ мын ныр цард куы смаст ис, уайгæ рæстæджимæ мæ фæстаг сидзæр ныфс, мæхийау сидзæр ныфс, куы байсæфт, уæд ма цæмæй аргъуц кæнон! Цы мыл æрцыд, уыдон дын æппæт дæр радзурдзынæн, уадз æмæ мын хуыцау ай- сæд мæ зæрдæргомдзинад. Кæд истæмæй тæригъæд- джын дæн æмæ мын нæма бантыст фæфæсмон кæнын, уæд мын уый ныббарæд. Кæддæр æз уыдтæн абырæг... Мæ сæры къуыдыр æрхæссæгæн лæвæрдтой хорзæх Цъминда Георгийы дзуар, фæлæ куыд уыныс, афтæмæй уæйгæнæджы нæмыджы амæттаг нырма дæр нæ фæ- дæн. Æцæг мæ рæстæджы цæрдæг, хæрзконд уыдтæн, цæмæндæриддæр фаг кодтой мæ тыхтæ, фæлæ йæ хуы- дау зоны, æз абырæг кæй нæ уыдтæн. Абырæджы хъæ- уы ахæм зæрдæ, æмæ куыд аргæвда сабийы йæ ныййа- рæджы хъæбысы æмæ йæ къух куыд нæ бариза. Æз ахæм нæ дæн: сабийæ раргом мæнæн мæ зæрдæ, æв- зонджы бонтыл мын сымбæлдис рухс, иннæтæ кæй нæ зыдтой, иннæтæй мæнæн æндæрырдыгонау дæр схъарм ис мæ зæрдæ, фæлæ мæ мæ хъысмæт фæсайдта... Адæм 205
дæр мыл нал бацауæрстой... Æмæ мæ бахъуыд абырæг суыны сæр... — Æз къахеттаг нæ дæн, — чысыл ахъуыдыйы фæ- стæ та райдыдта дзурын. Куыд загътон, афтæмæй мæ- бæстæ ардæм дард у, æмæ, уоу, цы кæнон! Æз нал фен- дзынæн мæ мæлæты бонты дæр уыцы зæххы æмæ мæ- дойны йæ дæттæй суадзыны бон дæр нал фæуыдзæн мæн. Ме ’взонг бонтæ сегас дæр, авд азæй ссæдз азмæ- арвыстон ме ’лдары хæдзары, æрмæст хуыцау уæлар- выл æмæ зæххыл та æз зонæм, куыд зæрдиагæй ха- стон æз ме ’фсондз. Мæн уадидæгæн бафтыдтой æлда- ры фыртимæ — ме ’мбай Датикъоимæ. Куыд дзæбæх уыдис Датикъо сабийæ! Никæй бон уыд мæн бафхæ- рын æлдары хæдзары. Нæ уæндыдысты, уымæн æмæ- Датикъо иттæг схæлар ис мемæ, уæхæдæг æй зондзыс- тут, куыд буц фæдарынц иунæг хъæбулты. Датикъо* тыхджын, тæргайгæнаг æмæ къæбæда саби уыди. Чысылдæр-иу мæ исчи куы фæхъыг дардта, уæд-иу уый самадта егъау загъд. Раст куы зæгъон, уæд æз дæр тынг фæцайдагъ дæн мæ чысыл æлдарыл. Уый дæр мыл фæцайдагъ, афтæ рауад фæстагмæ, æмæ йæ æз- бынтондæр бауарзтон. Æвзонджы зæрдæ, дæ рынтæ ба- хæрон, рагуалдзæджы дидинæджы хуызæн у: хур æм æрбакæсы — уый дæр райхæлы, æцæг уалдзæг нырма дард кæй у, уый нæ фиппайгæйæ, нырма йыл зымæджы уазалæн йæ бон кæй у сымбæлын æмæ йæ амарын, уый’ æнæхатгæйæ. Кæцæй хъуамæ зыдтаин уый æз? Фыц- цаджы дæр мæ зæрдæ ме ’лдары хæдзары схъарм ис, фæлæ мæ сафгæ дæр уыцы хъарм фæкодта. Хæдзармæ мæ бынтондæр нæ фæндыди. Уымæй уæлдай ма уым мæнæн уыдис фыдсыл дыккаг мад, æмæ æрмæст йе- ’рбаймысынæй дæр ме уæнгтæ срызтысты, раст цыма августы тæфсæгæй рынчын уыдтæн, афтæ. Не ’лдары хæдзары та мæ рæвдыдæй дардтой, куыд мæ чысыл æл- дары, афтæ. Датикъо мæ уарзта æмæ йæ æз дæр уарз- тон. ’Мæ хуызæн æдылы кæцæй зыдта уыцы рæстæджьг уæздæттæ æмæ сау адæмы ’хсæн уарзондзинад кæй у æнæрцæугæ фын? Цæмæй зыдтон, кæй нæй скæнæн æл- дар æмæ цагъары ’хсæн уарзондзинады хид? Дуне аф- тæ конд æрцыди: æбарæн æмæ барджынæн иумæ цæ- уæн нæй. Гъе, уый æз куы бафиппайдтаин, сомы дын кæ^ын, мæ зæрдæ масты сывдылдтаин æмæ ахуыссын кодтаин Датикъомæ мæ уарзоны цæхæр. Фæлæ уæд æз- цы хъуамæ зыдтаин? 206
Æвзонг æлдарыл æмæ мæныл куы сыххæст цып- пæрдæсгай азтæ, уæд зæронд æлдар сфæнд кодта йæ фырты ахуырмæ арвитын горæтмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, тæрхонгонд уыди, æз дæр емæ кæй ацæудзы- нæн, уый. Мæ фыд уый куы базыдта, уæд æрбацыд не ’лдармæ, цæмæй мæ ма арвыстаид горæтмæ. Æцæг, дæ- хæдæг зоныс: — цыппæрдæс аздзыд лæппу хъæууон хæ- дзары бинонтæн хæзна кæй у, кæд æмæ лæппу рæвдз: вæййы, уæд уый цахъæн хæдзары бинонты къух иттæг фæрог кæны. Уый еттæмæ мæ фыдæн иунæг саби æз баззадтæн йæ фыццаг усæй, æмæ, æнхъæл дæн, мæ фыдмæ тæригъæд касти, стæй йын маст уыд мæ дард ацыд. Не стыр æлдар — рухсаг уæд — иттæг фæлмæнзæр- дæ лæг уыди. Датикъойæ мæн ахицæн дæр зын кастис уымæ æмæ мæ фыдæн дæр тæригъæд кодта. Уыцы хуы- цауæй арфæгонд мæнмæ æрбаздæхти æмæ мæм рæв- дауæн хъæлæсæй æрбадзырдта: Габрушки! Кæд дæ Да- тикъоимæ ацæуын нæ фæнды, уæд, ам, хæдзары баззай дæ фыдимæ, æнæ барвæндæй дæ не ’рвитын. Зонын, Да- тикъойæн хъыг уыдзæн, фæлæ цы сарæзтæуыдзæн: фырт кæддæриддæр йæ фыды вæййы. Ие ахæм диссаг хæ- ларзæрдæ лæг уыдис уый! Цагъары фырт йæ фыды мнййаг куы нæ у, йе \лдары у, фæлæ уыцы арфæгонды фыртæн ахæм зæрдæ уыди. /Ез сыхсыстæн, æнхъæлдтон, зæгъын, мæ чысыл æл- дар, Датикъо мæ фыды фарс фæуыдзæн. Цымæ куыд кæндзынæн, ме’намондæн мæ хæдзары куы ныууадзой* уæд? Уыдон æй сæ дыууæ дæр не ’мбæрстой, мæ дык- каг мадимæ цæрыны фæлтау мæ кæй фæнды Датикъои- мæ амæлын. Мæ зæрдæ, рисгæйæ, батымбылтæ ис, мæ цæстытæ доны азылдысты. Æз ахъуыды кодтон: «Еныр* мæм, зæгъын, хуыцау фæхъызыд, йе! Бахаудзынæн та уыцы ’кæлæнгæнæджЫ ныхтæ*м!» Фæлæ мæ Датикъо йæ- хæдæг фервæзын кодта фыдбылызæй. Хæрз чысылæй фæстæмæ барджын æмæ хивæнд саби уыд; исты бакæ- нын-иу æй куы æрфæндыд, уæд-иу амардаид, цалынмæ йæ фæндон не сыххæст кодтаид. Æз кæй ницы дзырд- тон, уый уынгæйæ, фездæхт стыр æлдармæ æмæ йын уæндонæй загъта: «Кæд æмæ Гарбушкæ горæтмæ нæ* ацæуа мемæ, уæд æз дæр нæ цæуын». — Афтæ загъта лæппу æмæ ма йын цас нæ фæдзырдтой, цас ын нæ фæ- лæгъзтæ кодтой, фæлæ фидар лæууыд йæ ныхасыл. Цы йын хъуамæ бакодтаид йæ зæронд фыд. Мæ фыды зæр- 20?
дæйы хъыг райсын æй нæ фæнды, фæлæ йæ сабийы æгъдау дæр зыдта. Боны фæстагмæ куы базыдта, æн- дæр гæнæн дзы кæй нал ис, уæд хуыздæрыл банымадта мæ фыды зæрдæйы хъыг райсын æмæ йын загъта фæл- мæн хъæлæсæй: уыныс, мæхи Дато, Датикъо дæ фыр- тыл афтæ фæцайдагъ ис, æмæ йæ бон нæу уымæй фæ- иртæсын. Ауадз сæ æмæ иумæ афардæг уой; хорз у, сæ чысыл бонтæй сæ кæрæдзийыл куы фæцайдагъ вæй- йынц, æлдар æмæ йæ лæггадгæнæг, уæд. Цы æлдаримæ байрæзы лæггадгæнæг, уыцы æлдар лæггадгæнæгæн вæййы йæ ныфс. Хуыцауы хатыр бакæн æмæ сæ ма хъыг дар, уадз сæ æмæ сæ кæрæдзи уарзой. Æвæццæгæн мæ фыды зæрдæмæ нæ фæцыдис не ’лдары дзуапп, йæ сæр æнкъард æмæ хъуынтъызæй бан- къуыста æмæ ацыд мæстæй æмæ зæрдæхъыгæй, æгæ- рыстæмæй мын хæрзбон дæр нал загъта, горæтмæ куы раст кодтон, уæд. Мæ дурзæрдæдзинадыл сæттын, — æз уæд мур дæр ницы банкъардтон, уый бæрц та фæ- стагмæ иттæг фæсмон фæкодтон. Уæдæй фæстæмæ мæ« фыды нал федтон: йæ царды бонтæ фесты уыцы аз. Æз та дзæгъæл-иунæгæй баззадтæн дунейыл бынтон сидзæрæй, мæ фыдæй æнæраарфæгондæй, æнæхæстæг æмæ æнæхицонæй. Ацы æнæкæрон дунейыл ма мын уы- дис иунæг Датикъо, мæ сидзæр зæрдæйы уарзондзинад аздæхтон æз уымæ. Æрхæццæ стæм горæтмæ. Мах бацæрын кодтой иу мæгуыр зæронд идæдз усмæ, зæронд æлдары натлиа- мæ. Уымæн дæр кæддæр уыдис фырт, фæлæ йæ хъыс- мæтмæ уыцы иунæг фырт дæр фæкасти æгæр нæртон лæвар æмæ йæ байста æнамонд идæдзæй. Къуары был лæууыди йæ дыууæ хатæнджын хæдзар. Лыстæгдæр куы акастæн, уæд ахъуыды кодтон: «Ам, æфсæст уæм, уый гуырысхойаг у». Æз уый Датикъойæн куы дзырд- тон, уæд ныххудти æмæ мын загъта, зæгъгæ, афæдз дыууадæс туманы фиддзыстæм идæдзæн æмæ уæлæм- хас та, хойраг æмæ сæн цас бахъæуа, уый бæрц. Цæ- мæн нæ хъуамæ дара æххормагæй? Æмæ, раст зæгъын хъæуы, уыцы арфæгонд зæронд ус нæм йæхи сабиты хуызæн зылди. Датикъо цыди алы райсом скъоламæ, сихор кæнын- мæ-иу æрбацыд æмæ та-иу уый фæстæ афардæг æмæ- иу хæдзармæ æрыздæхт изæры аргъуанмæ хъуытазты цæгъдын афон. Мæгуырсар, скодтой йыл уырыссаг дзау- матæ. Фыццаг ын афтæ удхæссæджы ад кодтой уыцы 208
„зауматæ, æгæрыстæмæй, иу хатт мæ цуры кæугæ дæр скодта. Фæлæ, уæхæдæг зонут, адæймаг алцæуыл тагъд афæлтæры. Датикъо дæр сыл фæцайдагъ. Бирæ хъуыд- даг аразинаг мын нæ уыдис. Датикъойы-иу скъоламæ куы арвыстон, уæд-иу хатæн расæрфтон, стæй-иу æнæ- хъæн бон бадтæн æрмтæдæлармæй. Æрмæст-иу мæ стæм хатт зæронд ус арвыста базармæ халсæрттæ æлхæнын- мæ. Иннæтæ седыппæт дæр йæхæдæг æлхæдта. Мæ миты фæстæ-иу рацыдтæн уынгмæ, сбадтæн-иу дурыл æмæ-иу кастæн цæуджытæм, æвдæлон адæм сегас куыд кæнынц, афтæ. Нæ уынг нын лыг кодта чысыл фæзи- лæн уынг. Уыдис уым иу чысыл аргъуан: йæ дæлийæ, махмæ æввахсдæр, цæхгæр фембæлæны лæууыдис егъау хæдзар егъау кулдуæрттимæ. Уый уыдис цахæмдæр сомихаджы. Мæ цæст-иу арæх схæцыд ам иу чысыл имереттаг лæппуйыл. Уый-иу рацыд изæрыгæтты, сбад- тис-иу кæрты дуары къæсæрыл æмæ каст цахæмдæр къухфыст чиныг. Иудадзыгдæр дис кодтон, зæгъгæ, лæг- гадгæнæг у, фæлæ, акæс-ма, чиныг кæсы. Уыцы рæстæ- джы æдылы уыдтæн æмæ афтæ æнхъæлдтон, зæгъгæ, чиныг кæсын дæр æрмæст æлдары хъуыддаг у. Куыд рабæрæг, афтæмæй та чиныг кæсын фидауы мæ хуы- зæн æнамондæн дæр. Иухатт Датикъо иу хуыцаубоны кæдæмдæр ацыд æмæ хæрз изæрмæ хæдзары къæсæрæй нал бакаст. Не ’рцыдыл нæма рацыд 2—3 мæйы дæр, афтæмæй Дати- къо арæх цæуын байдыдта æддæмæ æмæ-иу иуæй-иу хатт кæркуасæнмæ дæр не ’рцыд. Æвæццæгæн, уыцы рæстæджы ахуырæй сфæлмæцыдис. Куыд-уын загътон, афтæмæй уыдис хуыцаубон, ни- Цы ми мын уыдис аразинаг хæдзары æмæ рацыдтæн уынгмæ. Уыцы рæстæджы нæ аргъуаны цыдис æмбис- боны аргъуыд. Æвзонг имереттаг дæр, йæ чиныг йе ’рмтты, афтæмæй бадти йæ ахуыр бынаты. Æз æрбад- тæн уынджы дурыл йæ тæккæ комкоммæ æмæ йæм мæ Цæст дардтон. Лæппу æнæ ’рлæугæйæ касти, куы-иу ба- худти, куы та-иу ноджы йæ цæстытæ ныццавта йæ уæр- Джытыл æвæрд чиныгмæ. Æз мæхи нал баурæдтон, ба- Цыдтæн æм æмæ йын загътрн салам. Уый дæр мын, кæй зæгъын æй .хъæуы, дзуапп ратта: — Дæ ном цы хуыйны, ме ’фсымæры хай? — бафар- ста мæ уый. ~ Габриел. Дæ ном та? — афарстон ^ей æз дæр. — Глахукъа. 14. И. Чъавчъавадзе 209.
— Кæцон дæ? — Æз рацъаг... Ды та? — Æз дæр загътон мæ райгуырæн зæххы ном. — Рацъаг дæ? Æвæццæгæн, искæмæн лæггадгæнæг вæййыс? — бафтыдтон ма йæм æз. — О, иу сомихагæн. Ды та? — Æз та не \лдары фыртæн лæггадгæнæг дæн. — Нæ рæзты чи фæцæуы, уыцы æвзонг лæппу? Уыи- мæ дæ? — О. — Горæты рагæй дæ? — Рагæй. Ды та? — Иу дыууæ азы бæрц. — Æмæ æз ныр афæдзы бæрц куы дæн ам, уæд дæ цæуылнæ федтон? — Горæты нæ уыдтæн. Ме ’лдар Къахетмæ ацыд æмæ уыимæ уыдтæн. Æрæджы æрцыдыстæм, дыууæ мæйы дæр нæма уыдзæн, афтæ. — Уæдæ уый тыххæй... Уый та дæм цы ис? — ба- фарстон æй, чиныгмæ фæцамонгæйæ. — Аргъæуттæ, ме ’фсымæры хай. Ницы ми мын ис æмæ йыл мæхи ирхæфсын. — Цæй-ма, бакæс дзы, байхъусон дæм, — загътон ын æз. Зæрдæхæлар адæймаг мын мæ куырдиат сых- хæст кодта, райдыдта кæсын афтæ, æмæ мын æй хуы- цау ныххатыр кæнæд, хæлæгæй мæ цæстытæ рацæй- хаудтой. Хъуыддаг, мыййаг, ууыл нæ уыди, байхъуыстон æм лыстæг æмæ æвиппайды фæфиппайдтон, уый размæ цы фехъуыстон хъæуты, уый. Рафæлдæхта та чиныджы сыфтæ æмæ та касти дыккаг. Растдæр уый æз фехъуы- стон нæ хъæуы. Цæмæн, уый нæ зонын, фæлæ мæ зæр- дæ цинæй сгуыпп-гуыпп кодта — «æлгъыстаг, — фæ- хъæр кодтон æвиппайды, — куыд æрбафтыди ардæм нæ хъæуккаг аргъау?..» Æмæ æцæгдæр уый уыди нæ хъæуккаг хуымæтæ- джы аргъау. Имереттаг лæппу мæ дисыл сабыргай ба- худти. — Æцæгдæр, Габриел, — загъта Глахукъа, — чиныг циу, уый æмбарыс? Чиныджы бон у уæ хъæуæй цыфæн- ды хабар дæр горæтмæ рахæссын, кæнæ горæты тых- хæй хъæуы радзурын... Кæсыс, хъуыддаг куыд у! Хуы- цау æй зоны адæм кæрæдзимæ куыд дæрдты сты, æмæ чиныджы фæрцы та сæ бон у кæрæдзийæн сæ ныхас зæ- гъын. 210
— Уыдон сегас дæр раст сты, — загътон ын уæд, — 1 сЬæлæ... Уæддæр нæ аргъау!.. Уый дын фыны æмби- сæндтæ! Чиныджы йæ ныффыстой!.. Бакæс-ма, цæй, но- Æмæ та зæрдæхæлар лæппу бакаст аргъау. Дардыл цы дзурон? Иттæг бирæ бауарзтон æз уыцы чиныджы: никуы мæ ницы бафæндыд афтæ зæрдиагæй, мæн уы- цы бон чиныг кæсын куыд æрфæндыд: нæ дын бамбæхс- дзынæн мæ зæрдæйы мæгуырдзинад, тыхджын бахæлæг кодтон, уый рæвдзæй кæй кастис, уымæ, æз та æнæ- хъуаджы хъеллау кодтон уынгты. Мæ зæрдæйы бæл- лиц фæурæдтаин, уый мæ бон нæ уыди æмæ мæхи бап- пæрстон Глахукъамæ æмæ йын байдыдтон лæгъстæ: — Хуыцауы хатырæй, хорзы мын бацу æмæ мæ са- хуыр кæн кæсын! Мæ хуызæн сидзæрты бон нæу дæ- уæн исты бафидын, фæлæ дын хуыцау ратдзæн хæрзиу- джытæ мæ бæсты. Ахъуыды ма кæнут, æнæхъæн бонтæ дзæгъæлы куьв сæфтон! Чиныг кæсыи куы зыдтаин уыцы рæстæджы* уыцы аргъæуттæ бакæсын куы фæрæзтаин, уæд м.æ амондыл куыдз дæр не срæйдтаид. — Дæу æцæг фæнды ахуыр кæнын? — бафарста мæ Глахукъа. — Уæддæр мæ фæрсыс! Æцæг! Ды мын æрмæст хæр* зиуæг ракæн æмæ мын бацамон. Æз амæлдзынæн, уæд~ дæр сахуыр кæндзынæн! — дзуапп раттон карзæй. — Кæд афтæ у, уæд хъуыддаг, чысыл йеттæмæ, цæт- тæ у. — Дæ фыд рухсаг уæд! Цины хъæр фæкодтон. Æвæц- Цæгæн, хорз лæппу дæ! — Афтæ æнхъæл ма у, æмæ дæ æз мæхæдæг ахуыр кæндзынæн. Æз зивæг нæ кæнын, фæлæ йæ куы зоньгс,. ме ’фсымæр, мæнæн уæгъдибар рæстæг кæй нæй. Æз Дын хорз ахуыргæнæг ссардзынæн. Уый фехъусгæйæ, æз афæлурс дæн. Афтæ фæкæны мæлхъ дæр: хъæлдзæг æмæ сæрыстыр вæййы йæхицæй Уæдмæ, цалынмæ, уырдыгмæ æркæсгæйæ, йæхи цæ- Стæй нæ ауыны йæ сау къæхтæ, æмæ уæд æнкъардæй ^рныгъуылынц йæ рæсугъд базыртæ. Мæ тыррыкк зæр- ^йæн æвиппайды ахуыссыди йæ цæхæр. —- Ох, ме ’фсымæр, — загътон ьш мæстджынæй, — ДасУæй дæр æнхъæлцау фæдæн, ахуыргæнæгæн хъæуы Р^стмæ хæлц, мæнæн та сау суари дæр нæй, мæ цæ-,. 211,
стытыл мын цы нывæрдæуа, уый дæр. Куыд уынын, аф- тæмæй хуымæтæджы уыд мæ цин. Уый бахудти æмæ загъта: — Куыд тагъдгæнаг дæ, фæпæртт кодтай топпы хо- сау! Мæ хæлар, æз æй миййаг нæ зонын, цы, мах хуы- зæттæм æхцатæ нæ вæййы ахуыргæнæгæн?! Лæвар дæ чи ахуыр кæна, ахæм ахуыргæнæг дын ссардзынæн. — Ныфсытæ мын дæдтыс, цы? — нæ мæ уырныдта мæн. — Дæ бон у æмæ мыл баууæндай, раст зæгъын! — Раст зæгъыс? — Раст дын зæгъын, ахæм адæймаг ссардзынæн, æмæ дæм йæхи æфсымæры хуызæн чи кæса. — Акæс-ма, æвæццæгæн, уый хуыцауы сконд адæй- маг у, — загътон æз. — Нæ фæрæдыдтæ уымæй, æцæг уый хуыцауæн лæг- гадгæнæг у, мæн чиныг кæсын уый сахуыр кодта. * — Багъæц ма, хуыцауæн лæггадгæнæг зæгъыс? Сау- джын у, миййаг? — Уæдæ цы. Ды дзурыс, зæгъгæ, æхцатæ. Æхцатæ нæ, фæлæ ахуырмæ йæ быцъынæг чи тоны, уыдон йæ- хæдæг цырагъы рухсæй агуры, цæмæй сын кæсын-фыс- сын бацамона. Кæй нæ фæнды, уымæн та дзургæ фæ- кæны, фæуырнын ын кæны уæдмæ, цалынмæ йæ ахуыр- мæ не сразæнгард кæны. Мæн дæр уынджы федта куыд- дæргомау — сыгъзæрин фестæд, уыцы бон мын амонды бон уыд... Байдыдта мæ уыцы сауджын фæрсынтæ: кæ- цон дæ, цы фæархайыс? Æз ын иууыл дæр радзырдтон æмæ, дардыл цы дзырдæуа, йæ рæвдауæн ныхæстæ мын мæ зæрдæ афтæ бандæвтой, афтæ мæ сбаста йæхиуыл,, æмæ æз дæр, боныфæстагмæ, байдыдтон ахуыр кæнын. Иунæг куы нæ уыдтæн уым æз! Нæ сыхæй дæс лæппу- йæ йæм цыдыстæм ахуыр кæнынмæ. Исгæ та сау суари, дæр нæ кæны. Æмæ дæуæй дæр нæ айсдзæни. Иухатт, мæ мызд райсгæйæ, æз сфæнд кодтон уымæн дыууæ сомы раттын. Мæсты мæм не сси, фæлæ бахъынцъым. кодта иттæг. — Фыд дын ис? — бафарста мæ уый. — Нæй, дæ рынтæ бахæрон. — Мад та? — Ис. — Чи йæ дары? — Мæхæдæг, дæ рынтæ бахæрон. Мæны йеттæмæ йын никуы ничи ис. 212
Уæдæ нывæр уыцы æхцатæ дæ мадæн, — зæрдæ- хæларæй мын ратта бардзырд. Уæлдай сты дæуæн, мæ- нæн кæй дæдтыс, уыдон? — Цы æмбæлди, уый дзы мæ мадæн арвыстон,— адон та дæуæн бавæрдтон, цæмæй мæ кувгæ-кувын æр- хъуыды кæнай. — Куывтытæ уæйгæнгæ не сты, нæ дæр æхцайæ æл- хæнгæ. — Мæсты мæм кæныс, дæ рынтæ бахæрон? — Нæ, æз дын æцæг дзурын. — Уæдæ цы бакæнон, зæгъ ма мын? — Дæхицæн сæ нывæр. Кæд æмæ дæ нæ хъæуынц, уæд дæхицæй мæгуырдæр чи у, уымæн сæ ратт. Уæ уын- джы кæрон уым цæрынц мæгуыр бинонтæ, уыдонæн нæй, кæрдзын цæмæй балхæной, уый, æз æмæ ды та алæбон дæр æфсæст вæййæм. Уый ахæм æгъдауæй загъта уый, æмæ, бауырндзæ- ни дæ, æз æй уым фæуагътон, рацыдтæн уыцы мæгуыр бинонтæ агурынмæ æмæ сын раттон уыцы дыууæ сомы. Гъе, ахæм диссаджы адæймаг у! Йæхицæн ма исты куы уаид, фæлæ йын ницы ис йæ уды номыл, бонтæ куыд- дæртæй æрвиты. йæ царды тыххæй дын куы радзурон, уæддæр дæ нæ бауырндзæни. Иунæг рæстмæ хъуыддаг не сырæзы нæ сыхы, уый зæрин арм кæмæ нæ бахæц- цæ вæййы. Кæд æз дæр адæймаг сдæн, уæд уый фæр- цы — хуыцау ын хорз ракæнæд! Æнæхъуаджы куы нæ фæзæгъынц, зæгъгæ, мах хуызæн мæгуырты хæс хуы- цау фиды. Дæлæ, йе, йæхæдæг дæр, — загъта Глахукъа, аргъуанмæ фæцамонгæйæ. Аргъуыд фæци. Сылгоймæг- тæ, урс кæлмæрзæнты, афтæмæй байдзаг сты уынгты, нæлгоймæгтæ та, зоныс не ’гъдæуттæ ды, дзыгуыртæ кодтой æмбондгæрон, аргъуаны рахизæны фæстæ, æмæ, кæддæриддæрау, хъæрæй ныхас кодтой... дзыгуыры ас- тæу фæзынди æвзонг, бæрзондгомау сауджын. — Уый у? — афарстон Глахукъайы, мæ цæстытæ сау- джынæй нал сисгæйæ. — О, уый у. Цом, ме ’фсымæр, арфæ дзы ракурæм. IV Уый фестади æмæ, дзуаппмæ нæ багъгъæлмæгæсгæ- йæ, ацыди аргъуанмæ. Æз дæр ацыдтæн йæ фæдыл. Ба- Цыдыстæм. Сауджын лæууыд дзыгуыры ’хс^ен, адæм, 213
бындзытау, хъомпал кодтой йæ алфæмблай. Иутимæ ныхас кодта æмæ йын уыдон дæр зæрдæхæларæй дзу- апп лæвæрдтой, иннæтæ та йемæ хъазæн-хынджылæг кодтой, æмæ-иу сын уый дæр уадидæгæн дзуапп лæ- вæрдта хъазæн-хынджылæгæй, æмæ куы байхъуыстаис, куыд æхсызгон худт-иу ныккодтой адæм! Уыдис дзы ахæмтæ дæр, æмæ йæм чи кастис циндзинадæй, сабы- рæй, афтæ, цыма, æнхъæлдтой йæ дзыхæй ныртæккæ сыгъзæринтæ скалдзæн æмæ цыма тарстысты, се ’рмттæй куы фæивгъуыйой, куы нæ сæ фæуа уыцы сыгъзæрин- тæй. Бирæ хæрзиуæгдзинад хъуамæ байтауа ахæм уар- зондзинадæй, адæм кæй алыварс æрхъула сты, уый. Уый у æцæг адæймаг, дæ рынтæ бахæрон, уый аккаг æгъда- уæй дары йæ сæрыл худ. Хорз адæймаг мыдæй сæрсты хуызæн у, — æмæ йæ алыварс хъула кæнынц зæрондæй, фæсивæдæй. Зæххыл ахæм адæмтæй бирæ нæ цæуы. Дойныйæ фæлмæцыд дон баназынмæ куыд бæллы, афтæ æз дæр бæллыдтæн йæ ныхас фехъусынмæ. Мæ уачъи сивæзтон, цæмæй йæ федтаин, æмæ фехъуыстаин, цы дзырдта, уый. Иæ разы иу цахæмдæр лæппу лæу- уыдис сæргуыбырæй. — Уыдæттæ хорз сты, фæлæ мæм цæмæн нал цæ- уыс? — бафарста йæ сауджын, — къæбæда цыдæр, ахуы- рæй дæ зæрдæ фæцъæх, цы? — Куы нæ, — дзуапп ратта лæппу. — Мæ фыд мæ нæ уадзы. — Сауджын, цыма, фæджих ис, афтæ хъыг ын уыди. — Цæуылнæ дæ уадзы? — Цы базыдтай, уый дæр, дам, дын æгъгъæд у. — Дæ фыд ам ис? — Уæртæ бады. — Марадз, фæдзур-ма йæм! Лæппу уыцы иу сæррæтт акодта йæ мидбынатæй земæ йæ фыдмæ азгъордта. — Акæсут-ма, уæ хорзæхæй, цахæм у ацы Петре... — бакодта йæхимидæг сауджын æмæ хъуыдыйы фæци. — Ахæм у уый. «Иу куыдз, дам, холы нæ йæхæдæг хордта, нæ йæм искæй уагъта», — фæхъæр кодта чи- дæр. Ныххудтысты сегас дæр. Йæ мидбылты бацæй- худти сауджын дæр, фæлæ йæхи фæурæдта. — Нæ йæ фыд, нæ йæ фыды фыд ахуыр кодтой. Цы ахуыр кæна йæ фырты дæр? — загъта сæ кæцыдæр. — Хивæнд адæймаг у, уый хуызæн адæймаг æнамонддзи- 214
надыл куы фæцайдагъ вæййы, уæд æм уый æнæфæцай- дагъ циндзинадæй хуыздæр кæсы. — Мæнг куы нæ зæгъынц: зондамонæджы фæцагу- ры зондджын, æдылыйæн та дзы йæ зонд ноджы сæф- гæ кæны, ■*- хъæрæй та загъта адæмæй чидæр. Бирæ ма фæхынджылæг кодтаиккой, æвæццæгæн, уыцы рæстæджы Петре йæхæдæг куы нæ бацыдаид, уæд. — Зæгъ-ма, хорз лæг, дæ фырты ахуырмæ æцæг ды нæ уадзыс? — загъта сауджын. — Раст у. Уый йæ хъуыддаг нæу. Уæрцц бæласмæ не стæхдзæн, дæ рынтæ бахæрон, йе сфæлдисæг ын ахæм амонд нæ ратта, — уæндонæй загъта Петре. — Æмæ уый та куыд, — ахæм амонд æй нæ фæци? — Афтæ у, дæ рынтæ бахæрон. Мах хъуыддаг гутон дарын, сыджыт змæнтын у. Хус къæбæр ссарынæн æх- сæвæй-бонæй нæ хиды мæлæм. Афтæ нын стæрхон код- та хуыцау дæр: «Уæ цæсгомæй уæ хид лæдæрсгæйæ арут уæ къæбæр». Хуыцауы тæрхæттæ ныууæз кодтой не уæхсчытыл æрмæст махæн, æмæ йæ æнтъухæм. Чи- ныг мах хъуыддаг у, цы? Уый нын нæ афтид гуыбынтæ нæ бафсаддзæн. Нæ чиныг — сыджыт, хуыцауæй арфæ- гонд уа! Гауызау куы рацъæх вæййы æвзарæй, уæд уы- доныл фæкæсæм, чиныгау, нæ хъысмæт. Нæ фыссæн сис у гутон, фæллайын чи нæ зоны, ахорæн та — нæ хид, нæ уæнгтæй чи лæдæрсы, уый. Уыцы хиды гутон куы схуылыдз кæнæм, уæд сыджыты хæларзæрдæ байгом кæнæм æмæ дзы баппарæм тауинаг. Рæстæг куы æрзи- лы, уæд та йæм æрцæуæм, зæххы арфæгонд бæркад ни- куы сфидидзæн, нæ ихсийынц йæ тыхтæ уæдмæ, цалын- мæ нын дывæрæй ратты, æвæрынмæ йæм кæй раттæм, уый. Æнæхъуаджы йæ «Мад» куы нæ хонынц, йæ фæ- дæг нын дары, æхсæвæй-бонæй ууыл цин кæнæм, нæ хъыгдзинад дæр уый у æмæ нæ циндзинад дæр, дæ фæхъхъау фæуон! Чиныг хорз хъуыддаг у... уый та чи не ’мбары? Бирæ цыдæртæ ма ис дунейыл, фæлæ мах арм уыдонмæ нæ баххæсдзæн, зæгъын дын æй бауæнд- дзынæн, дæ рынтæ бахæрон, нæ фыццаг мæт уый у, цæмæй нæ гуыбынтæ ма уой æххормаг. Нæ сæйрагдæр мæт æмæ фыдæбойнаг уый у. — Раст зæгъы! — схъæлæба кодтой адæмы ’хсæн, æрдæбон ма Петрейыл мæсты худт чи кодта, уыдон. — Уæдæ куыд? — фæныфсджындæр ис Петре, кухл бафиппайдта, адæм йæ фарс фесты, уæд, — фосау нæ 215
цæрæнбонты мах гуыбыр астæуæй цæуæм. Нæ бон ис- куы нæ сæр схъил кæнын у? Зонæм æрмæстдæр зæхмæ кæсын, цыма дзы нæ амонд ныгæд ис, æмæ цыма иуда- дзыг уый агурæм æрмæст. Мах чиныг кæсын кæм æн- давы? — Дæ зæрдæйы цыдæриддæр ис, уый æмбарын æз. Зондджын адæймаг дæ, — æнкъардæй загъта сау- джын. — Дæ хъыгдзинад дæр æввахс у мæ зæрдæмæ. Чиныгæй æхсызгондæр у дæуæн гутон, уымæн æмæ дæ абон уый дары. — Раст загътай, дæ рынтæ бахæрон, — дзуапп рат- та Петре. — Фæлæ ма мын зæгъ ныр уый: ды куы нæ зыдта- ис æфсæйнаг зынгæй фæлмæн кæй кæны, уæд дзы куыд рацагътаис дæ æфсæн гутон, кæнæ фæрæт, ды бæлас дæ гутоны тыххæй кæмæй ракалыс, уыцы фæрæт? Ды куы нæ зыдтаис гутон куыд аразын кæнын хъæуы, уæд цæмæй хуым кæнис? Ды куы нæ зыдтаис кæцы зæхх куыд бакусын хъæуы, æфсæн арфдæр æви уæлæнгай- дæр хъæуы ауадзын, уæд цы бакодтаис? — Уæд мыл цы æрцыдаид, уый ме знаджы хай фæ- уæд. — Уæдæ уыдæттæ ды кæцæй зоныс? — Куыд кæцæй? Нæ фыдæлтæй, дæ рынтæ бахæ- рон. Мæ цæстытæй кæсгæ кодтон, мæ хъустæй — хъус- гæ, фæндыди мæ æмæ сарæхстæн, хъуыды мын хорз ис æмæ сæ мæ зæрдыл бадардтон! / — Сеппæт дæр, цы федтай, цы фехъуыстай, цы ’ры- мысыдтæ æмæ ма дæ зæрдыл цы бадардтай, уыдон иу- мæ сисгæйæ ды цы схонис? Петре хъуыдыйы фæци, цыма йын фæзын ис дзуапп раттын, стæй дызæрдыггондæй загъта: — Цæмæй зонын æз, дæ рынтæ бахæрон, цы хуый- ны, уый... — Уæддæр? — Уыдон сты мæ фæлтæрддзинад, цы федтон мæ цæрæнбонты, уый — мæ зонынад, дæ рынтæ бахæрон? — Дæ гуыбын дын æфсады дæ зонынад? — Цы йыл дзурæм, дæ фæхъхъау фæуон, дæхæдæг æй хорз зоныс: уый куы нæ уаид, уæд нæ фæнды доны бакал. — Еныр ма мын ноджы уый зæгъ: дунейыл цас адæм ис, дæуæй фылдæр чи зоны, ахæмтæ? — Кæцæй йæ хъуамæ зонæм? Уыдон мæ сæры хил- 216
тæй хъуамæ фылдæр уой, хуыздæрæй-хуыздæр кæддæ- риддæр разыны. — Уæдæ хуыздæр нæ уаид уыдон фæлтæрддзинад. æмæ зонынад куы бафтауиккам дæ зонынадмæ? Æн- цондæр дын нæ уаид уæд? Дæ гуыбын æфсадынæн цъус- дæр нæ кæлид дæ хид æмæ дæ тыллæг та хъæзныгдæр- нæ уаид? — Хуыцау дын ракæнæд уый бæрц хæрзиуджытæ,. цæй бæрц хуыздæр уаид, фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æз уыдон мæ цæстытæй уынгæ нæ фæкæндзьь нæн, мæ хъусæй хъусгæ. Зоныс куыд фæзæгъынц: «кæ- цæй æмæ кæдæм сыгъдæг саба». Не ’нæкæрон дунейыл* сæ кæм агурон æз, цæмæй бафæрсон, цы мын хуыздæр- у уый. — Уæд цы зæгъдзынæ, æз дын куы фенын кæнон ахæм цыдæр, дæ фæндонмæ гæсгæ дын куы радзура, дунейыл хуыздæр адæмтæ цы аразынц, уый. Зондджын- адæмы фæлварæнтæ, сæ зонынад — иу ныхасæй, æз куьь саразон афтæ, æмæ дæуæн дæ бон куы уа дардæй зонд- джын адæмтимæ баныхас, уæд та цы зæгъдзынæ? — Æгас дуне цы загътой, æз дæр уый. Уый хиндзи- над у. — Уыцы хингæнæг у уæдæ чиныг. — Раст дын зæгъон, уыцы ныхæстæ мæм куы ба- хъардтой, уæд ме уæнгтæ ныддыз-дыз кодтой, мæхæдæг дæр æй нæ зонын, цæмæн. Æмæ æрмæст æз нæ фæдæт афтæ, фæлæ сегас дæр: адæмы цæсгæмттæ фæрухс стыг, цыма сыл хур æрбакасти. Петре, къæпхæны бахаугæ- йæ, æдзынæг лæууыд. Йæ цæстытæ дзагъырæй базза- дысты. Загъдæуыдаид, цыма, йæ сæр зилы. Афтæ ’дзынæгæй ма дзæвгар фæлæууыдаид, сау- джыны хъæлæс æй куы нæ райхъал кодтаид, уæд. — Куыд у, уæдæ, де ’рдыгонау: чиныджы бон у дæ- уæн истæмæй баххуыс кæнын, æви нæ? — Бар мын ратт, — фæфæлмæнзæрдæ ис Петре, — дæ уæрджытæн апъа кæнон. Мæ былтæ иу хатт миййаг нæ аныдзæвдысты искæй уæрджытыл, фæлæ дæ хуы- зæн адæймаджы уæрджытыл иу хатт дæр нæма. Сауджын фæурæдта Петрейы. Уæд æм Петре сзылд- та йе ’нæзæрдæхудт цæстытæ æмæ, йæ цæсгом фæлурс- уæвгæйæ, цингæнгæ фæхъæр кодта: — Арфæгонд уæд дæ сыгъзæрин æвзаг. Æз уыдтæн* куырм, æрдæбон ма демæ куы дзырдтон, уæд дæр. Чы- сыл ма бахъæуа мæ фырты тæригъæды бацæуон, ныр; 217'
та дæ цытджын дзыхы ныхæстæй ракастæн мæ цæстæй. Цыдæриддæр фыд йæ фырты хъыг дары ахуыр кæнын, уæлдайдæр та ахæм хуыцауы конд адæймагмæ, куыд .ды, уый у йæ фырты знаг. Уадз æмæ уæрцц бæласмæ ма стæхæд, кæд æмæ йын йе сфæлдисæг уыцы цытдзи- над нæ загъта, уæд, фæлæ ма мæ фырт хъуамæ зона кæсын-фыссын, дæ рынтæ бахæрон. Дæ къух мæм авæр, дæ фæхъхъау фæуон. Æри æмæ^йын апъа кæнон. Тыхджын хæларзæрдæйæ . йæ фæндыдис Петрейы сауджыны къухæн апъа кæнын, фæлæ йын уый раарфæ кодта, йæ къух пъамæ нæ бадаргæйæ. — Уæд та мын мæ иунæгæн арфæ ракæн, — загъта йын Петре æмæ йæ лæппуйы размæ ралæууын кодта. Сауджын раарфæ кодта уыцы сывæллонæн æмæ йын йæ сæрæн апъа кодта мидбылты худгæйæ. — Мæ хъæбул! Ацы бон дæ зæрдыл бадар, — загъ- та Петре йæ фыртæн. — Æз æмæ дæуæн абон хур бон у. Сауджыны зæрдæ суынгæг, афтæ мæм фæкасти, цы- ма йæ цæстытæ доны азылдта, æвиппайды йæ цæсты- тæ иннæрдæм азылдта йæ разы гуыбыр сæртæй лæу- уæг уынгæгзæрдæ Петре æмæ йæ фыртæй. Цыма йæ нæ фæндыди, цæмæй бафиппайдтаиккой, йæ зæрдæ цас хæ- лардзинадæй йедзаг у, уый. Сауджын иу цахæмдæр зæ- ронд лæгмæ аздæхт æмæ йын зæгъы: — Закара, худинаг уæддæр фæкодтаис, хорз лæг! Де ’фсымæр, дæ мадызæнæджимæ нæ фидауыс... Уый дæ куы базоной адæм, уæд цы хъуамæ зæгъой? Худи- наг у, худинаг. Дæ сæрыл иунæг сау æрду дæр куы нæ уал ис, уæд цытæ кæныс? — Цы кæнон, дæ рынтæ бахæрон? — загъта зæронд -лæг, фефсæрмы уæвгæйæ. — Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хорз нæу, фæлæ уый иттæг хивæнд æмæ пыхс адæй- маг у. Хуыцау ме ’вдисæн, мæ аххос нæу. — Мæнг ныхас тæригъæд у, худинаг! Ды æнæзæ- нæг, зæронд адæймаг дæ. Кæд æмæ адæмæй иал æф- сæрмы кæныс, уæд æй хуыцау уæддæр уыны... — Зын мын у, нал у мæ бон. Дæ фыдæх мыл нык- кæлæд, кæд мæ мæ хъуырмæ не скодта; мæ бон дзы нал у. Иæ хисдæр æфсымæр кæй дæн, ууыл дæр нал дзу- рын. — Мæ хъуыддаг нæу! Хуыцау æмæ адæмы раз уæ дыууæ дæр аххосджын стут. Стут æфсымæртæ æмæ знаджы цæстæй кæсут кæрæдзимæ... Дæуæн æмæ де ’фсымæрæн дæр дзурын æппæт адæмы раз: кæд æмæ 218
ардыгæй фæстæмæ нæ цæрат хæларæй æмæ кæрæдзи уарзонæй, уæд уæ аргъуанмæ нал бауадзын кæндзынæн. Уый зæгъгæйæ, сауджын йæ хæдзармæ фæцæйраст кодта. Далдæр къахдзæф куы акодта, афтæ хæрхæм- бæлд фæцис Глахукъайыл. — Глахукъа, æгас цæуай, мæ уарзон! — фæхудт сау- джын. — Цы фæархайыс, куыдтæ цæрыс? —Дæ куывдтыты, дæ рынтæ бахæрон, æмæ дæ ар- фæты фæрцы! — дзуапп ратта Глахукъа æмæ йын ху- даистæй арфæ райста. Сауджын ын куыддæр раарфæ кодта, афтæ йын йæ уæхскыл йæ къух æрывæрдта, ахъæбыс æй кодта æмæ йæ йемæ акодта. Бирæ æнæнхъæлгæ цыдæртæ федтон уыцы бон, фæлæ мæ сегасæй фылдæр дисы бафтыдта ацы хабар. Цæй-ма, цы уыди, Глахукъа? Дæлæмæ дæр ;æмæ уæлæмæ дæр лæггадгæнæг, — фæлæ йыл сауджын уæддæр нæ фелгъ кодта æмæ й’æ ахъæбыс кодта. Кæд æмæ æвзонг уыдтæн уыцы дуджы, уæддæр мæ зæрдæйы фæуæлахиз сты ахæм уарзондзинад æмæ æнæстыр зæр- дæдзинад. — Кæм уыдтæ, куы никуыцæй зындтæ? — бафарста Глахукъайы сауджын. — Ме ’рцыдыл мæй æмæ æрдæг нæма цæуы, — дзуапп ын ратта Глахукъа. Ме ’лдаримæ Къахеты уы- дыстæм. — Лæппу, æмæ мæ иу хатт бæрæг та цæуылнæ акод- тай? Кæддæр æз æмæ ды хæлæрттæ куы уыдыстæм, цæхх æмæ кæрдзын иумæ куы хордтам, иу уæлдæфæй куы улæфыдыстæм... — Дæ хорздзинæдтæй дын ард хæрын, сæрибар рæ- стæгæй мын иу уысм дæр нæй. Уыцы егъау хæдзармæ, уый æппæт фæллоймæ æз дарын мæ хъус. Мæны йеттæ- мæ æххуырстытæй не ’лдармæ ничиуал ис, фервыстой сæ, æндæра дæм куыд нæ ’рцыдаин? Дæуæй зынаргъ- дæр æмæ хуыздæр ма мын чи ис? — Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, мæн асгарынæй æх- сызгон дæр хъуыддаг у, мæхи Глахукъа! Ардыгæй фæ- стæмæ дæр у дæ миты афтæ цырд, у æгъдауджын æмæ æууæнкджын, цæмæй дын арфæтæ ракæной хуыцау æмæ адæм дæр. Мах хъуамæ æххæст кæнæм, цæмæ бавналæм, уый. Кæрдзын адджыи уæд вæййы æмæ йæ куы ссардæуы дзæбæх æгъдауæй, адæймаджы æгъда- уæй. Мемæ ныхæстæ кæнын та ме ’фсымæр, афтæ æх- сызгонау нæу: дунейыл ахæм адæймаг не ссардæуы- 219
дзæн æмæ дын ратта уый бæрц циндзинад, дæ хæс сых- хæст кæнын дын цæй бæрц ратта. Афтæ дзургæйæ, уыдон бахызтысты фæзилæн уын- гæй æмæ фæзылдысты фисынмæ. Мæ къæхты хъæр мын фехъуыста, æви æндæр исты, уымæн ницы зонын, фæлæ фæстæмæ фæкасти æмæ мæ фæдыл цæугæйæ куы ауыд- та, уæд мæ бафарста: Мæнмæ дæ исты хъуыддаг ис, ме ’фсымæр? — Нæ, дæ рынтæ бахæрон, Глахукъайы фæдыл ра- цыдтæн. — Зæгъын ма дæ мæнмæ исты хъуыддаг ис, — загъ- та сауджын æмæ дарддæр ацыд, Глахукъайы уæхсджы- тыл хæцгæйæ. Æз баззадтæн фæстийæ. Глахукъа йын райдыдта цыдæртæ дзурын. Афтæ фæстиау аззадтæн, æмæ сын сæ ныхæстæй ницы уал бамбæрстон... Глахукъайы ны- хасы рæстæджы сауджын иу дыууæ хатты æрлæууыд æмæ мæм хæлар зæрдæйæ æрбакаст. Æз уадидæгæн фæфиппайдтон, дзырд мæн тыххæй кæй цæуы, æмæ уын, раст зæгъон, мæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, цы- ма мæ хъысмæт уыцы ныхасы уыдис, уыйау. Сауджын мæм йæ арм фæтылдта. Мæ худ фелвæстон æмæ бæгъ- нæгсæрæй йæ разы слæууыдтæн уырдыг, куыддæрид- дæр салдатыл каманда кæнай, афтæ. Мæ худ мын уый айста йæ къухтæм æмæ йæ мæ сæрыл ныккодта. Уыцы уысмыл ын йæ цæсгоммæ скастæн. Куыд уын æй зæ- гъон, æз цы федтон, уый. Иæ хъуыдыджын цæстытæ уыдысты семыдзаг хæлардзинадæй. Цахæм хæзнатæй, цахæм хорздзинæдтæй хъуамæ йедзаг уа адæймаджы зæрдæ, цæмæй уыдæттæ зыной йæ цæстытыл! Зæды нывы цæсгомы æнгæсæн мæм фæкаст ацы адæймаджы цæсгом, чизоны уый уымæн афтæ уыдис, æмæ мæ зæрдæйы хатт афтæ фæцис раздæр, — фæлæ нæ зонын... Мæ зæрдæйы баззад абоны онг дæр, куыд- дæриддæр æй федтон, афтæмæй. Бæрзонд æмæ кад- джын уыдис сауджын, йæ къæсхуыр цæсгом уыдис фæ- лурс. Уыцы цæсгом уыдис зына-нæ зына джиздард маст- дзинадæй. Уыцы хуызæй бæрæг кæнынц маст бавзар- джытæ, æмæ йæ зæрдæ йæ хæстæджытæ æмæ хицæт- тыл кæмæн фæрыст, ахæмтæ. Бынтон æвзонггъуыз уыдис уый, йæ сау цыбыр за- чъетæ нæма æрдаргъ сты. Иæ цæсгом æмæ æмткæй йæ конд афтæ уыдысты æмæ йæм адæймаджы зæрдæ йæ- 220
хи баста йæ фыццаг фендæй, хурмæзилаг хурмæ йæхи куыд ивазы, афтæ. — Ахуыр дæ фæнды, ме ’фсымæр? — хъæлдзæгæй 1лын загъта уый: — кæд æмæ уый сфæнд кодтай, уæд мын æй цæуылнæ загътай, æрдæбон дæм куы фæдзырд- тон, уæд? Цæмæн бамбæхстай дæ фæндондзинад мæ- нæй? Куыд зыны, афтæмæй æмбæхстзæрдæ дæ! Глаху- къа дын куы загъта, æз дæхуызæн дзæбæх лæппуты кæ- сын-фыссын кæй ахуыр кæнын, уый. Уыцы ныхæсты фæдыл уый бахудти йæ мидбылты, мæ уадул мын адаудта æмæ банкъуыста йæ сæр, но- джы дæр йæ мидбылхудгæйæ. Æз фæкуыддæр дæн фыр æфсæрмæй æмæ ныхас дæр нал сарæхстæн дзуапп рат- тынæн. — Дæ сæр цæмæн ныггуыбыр кодтай уырдыгмæ? Æрмæстдæр фос кæсынц уырдыгмæ, зæхмæ, адæм хъуа- мæ арвмæ кæсой. Цæмæн æфсæрм кæныс ды мæнæй... Æз, кæс ма мæм, цæй, æз дæр дæ хуызæн адæймаг куы дæн. Уый мын мæ роцъойыл ныххæцыд, мæ цæсгомыл мын схæцыд æмæ загъта: — Æнæхъазгæйæ зæгъын, кæд дæ фæнды ахуыр кæ- нын, уæд дын абонæй фæстæмæ ахуыргæнæг мæнæ æз, ды та — мæ ахуыркæнинаг. Цы зæгъдзынæ уый тых- хæй? — Цы хъуамæ зæгъон, дæ рынтæ бахæрон, мæ бон дын у æрмæст арфæ кæнын, — тых æмæ амæлттæй суæн- дыдтæн зæгъын. — Арфæ та мын фæстæдæр ракæндзынæ. Дæ ном ды хуыйны? — Гибриел. — Уæдæ афтæ, Габриел, хæдзары митæй куы фер- вæзай, уæд зæгъ Глахукъайæн, уый дæ мæнмæ æрба- кæндзæн. Фæлæ йæ зон, дæ митæ-иу хæдзары æнæкон- дæй куыднæ баззайой, нæ дæр хæдзары æттийæ, хъæ- уы афтæ скæнын æмæ хæдзарон куыстытæн куыд нæ ’базиан кæна дæ ахуыр. — Хæдзарон митæ! Уадз æмæ сæ ма фæуон, æвзæр, галиу миты руаджы куы нæ уыдзæн! — Æз, æфсымæр, уый нæ зæгъын, фæлæ хуыздæр уыдзæн куыннæ физонæг басудза, куыннæ уæхст. Иу хъуыддаджы тыххæй иннæ хъуыддагæн зиан куы кæ- най, уæд уый мæгуыраудзинад у. Ды цагъайраг нæ дæ? — О, æз цагъайраг дæн. 221
Сауджын æлхынцъæрфыгæй йæ сæр банкъуыста, цыма цæуылдæр фæхъыг. — Уæдæ афтæ, уæлдай нæу, æз æмæ ды дæр адæй- мæгтæ стæм, иунæг хуыцауы хъæбултæ, — загъта чы- сыл фæстæдæр. — Æрбацу-иу мæм, уæртæ уым æввахс цæрын. Æрмæст зæрдиагæй ахуыр кæн. Ма дæр чины- гыл, ма дæр æндæр истæуыл батыхс, сегас дæр дын уы- дзысты. Дæ бакаст мæм ахæм лæппуйы хуызæн кæсы, æмæ æвæццæгæн 2—3 мæйы фæстæ Глахукъаимæ дæр абыцæу кæндзынæ. Æз ныххудтæн. — Цæуыл худыс? Нæ дæ уырны? Фехъуыстай, адæй- маджы, дам, куы бафæнды, уæд хохы дæр кæй фен- къуысын кæндзæн? — Мæ хуызæн адæмтæ, дæ рынтæ бахæрон, хæхтæ* та куыд фенкъуысын кæндзысты? —Цæмæй йæ зоныс æмæ ды нæ дæ ахæм, хуыцауы зынджы стъæлфæн. Ме ’фсымæр, не ’гасы хуылфы дæр- цæры, не ’гаеы дæр ис хуыцауы бауадзгæ уд. — Хуыцауæн фæндон фæуæд, цæмæй афтæ уа! Мæн» дæр уый фæнды. — Уый дын мæнæ фæз, уый та дын бархи, бафæл- варæм: бафæлвæрд, дам, амонды æмбисæм хай у. — «Нæ» нæ зæгъын, бафæлвардзынæн, кæд мæ уы- цы хох ныцъист кæна, уæддæр. Æз уыцы ныхæстæ куы сдзырдтон, уæд мын мæ цæ- стытæм ныккасти, афтæ мæм фæкаст, цыма йæм мæ ныхæстæ бахъардтой, стæй йæ цæсгом фæрухс æмæ мын загъта: — Афтæ æнхъæлыс ды? Нæй, ахæ*м хъæбатыр æмге тыхджын, ды куыд дæ, дæу ницы ныцъист кæндзæн, æлгъивгæ дæ куы ’ркæна, уæддæр та слæудзынæ дæ уæрджытыл. Æз дын æй уадидæгæн дæр куы загътон хорз лæппу кæй дæ. Куыд кæсын, афтæмæй мах бафи- даудзыстæм, мæхи Габриел! Куы уын зæгъон, уæд уæ нæ бауырндзæни, фæлæ мын цыма мæ уæрджытæ исты ракъуырдта, афтæ мæ ’рфæидыди йæ къæхтыл ныттыхсын уыцы ныхæсты сæ- раппонд. Æз афтæ бакодтаин, фæлæ мæ иу уæрагыл куыддæриддаер æрлæууыдтæн, афтæ мын мæ габæзтæм феврæлдта сауджын æмæ мæ йæ разы раст зæгæлау слæууын кодта, стæй мын бакодта тызмæггомауæй: — Ардыгæй фæстæмæ афтæ макуы уал бакæн, уый 222
тæригъæддзинад у! Уый хуызæн лæггад æрмæст хуыца- уæн фидауы... — Мæ хуыцау дæр — ды! — сдзырдтон æз фырци- нæй. — Уæлæ дæ хуыцау кæм ис, — бацамыдта мын арв- мæ, — æз уый тæригъæдджын лæггадгæнæг дæн. Ахæм æдылыйæ уæд кæцæй мæ бон уыд аккаг аргъ- скæнын уыцы адæймагæн! Ме ’лдар-иу мын сихор хæр- гæйæ куы разыв-зыв кодта несийы цъар, уæд-иу мæ фæстийæ асхуыста размæ, æз дæр-иу батындзыдтон йæ- уæрджытыл атыхсынмæ, — ацы адæймаг та сидзæрты хæлар суæвынмæ цæттæ уыд, æнæхæдзар æмæ нæхи- цæутты хæлар суæвынмæ уый æлгъ нæ кæны цагъари- мæ хæлардзинад скæныныл, цагъайраджы та, йæхица- уы кæддæриддæр бафæнда, афтæ йæ баивдзæнис куы- дзæй. Куыннæ хъуамæ æрлæууыдаин уый разы мæ- зонгуытыл, нæ зæронд æлдар дæр хорз адæймаг куьь уыдис, фæлæ æз хъуыды кæнын æмæ-иу йæ уæрджытæн куы пъатæ кодтон, уæд-иу ын æхсызгон уыдис. Æз та афтæ æнхъæлдтон, зæгъгæ, сауджынæн дæр æхсызгон уыдзæн, фæлæ нæ, фæхъыг мæм, фæлæ мын æй ме ’ды- лыйы тыххæй ныххатыр кодта. Уæды рæстæджы мыл сауджыны митæ дис æфтыдтой, фæлæ йæ ныр æмба- рын. Хорз адæймаг хорзæх йæхи намысæй ссары. Уы- цы рæстæджы æз та ахæмтæ цæмæй зыдтон? О, мæгуыр мæ бон, мæ хъысмæт мæ уæддæр ныцъист кодта мæн, сæрыстыр лæппуйы, сауджын мын мæ иухатты ныфс æмæ онгрог зæрдæйы ахаст райхъал кодта. Ие ’мæ мæм нал разынди уæлæмæ рабадыны фаг, мæ уæрджытыл слæууыны фаг тыхтæ, чи йæ зоны цæмæн? Чи зоны, мæ- нæй дæр æцæг адæймаг рауадаид. Мæ зæрдæ топпы хосау ссыгъди, мæ сæр цæхæртæ- калдта, диссаджы егъау тыхты хицау банкардтон мæ- хи уæд æмæ цингæнгæ фæхъæр кодтон: — Ды хуыцауæн лæггад кæныс, æз та дæуæн! Уы- цы хорз ракæнын дын у мæ бон, æндæр дын цæмæй ба- фиддзынæн дæ хæрзтæ? — Уый нын баххуыс кæндзæн, — сауджын фæцамыд- та арвмæ, — уый уырдыгæй кæсы нæ дыууæмæ дæр... — Æмæ йæ зæрдæйы фыссы дæ хорз хъуыддæгтæ, — нал æй бауагътон дзурын. Æмæ та йæ, æвæццæгæн, мæ ныхæстæ дисы баппæрстой, дисгæнгæйæ бакасти Гла- хукъамæ. Глахукъа та нæ дыууæйæ дæр хæлиудзыхæй йæ цæстытæ нал иста. 223:
— Цæхæр зæрдæ ис дæуæн, — чысыл æнцад алæуды ч})æстæ бакодта сауджын. — Байхъус ма мæм, дæу абон ^ез хъæуын, сом, кæнæ иннæбон та бахъæудзынæ ды мæн. Дуне афтæ конд у. Ахæм рæстæг æрцæудзæн æмæ кæрæдзийæ зылын нæ баззайдзыстæм, никуы фехъуы- стай, зæгъгæ, хох хохыл нæ фембæлдзæн, фæлæ лæг лæгыл куыд нæ фембæлы. Афтæ нæу, Глахукъа? — Уый раст у, — загъта Глахукъа. — Æз мæ мид- ^ылты бахудтæн. — Æмбарын æй, ды, мæ къона, мæнæн ныфсытæ ►æвæрыс. Мæ хуызæн ма искуы, миййаг баххуыс кодта дæхуызæн адæймагæн? Цы дыл хъуамæ æрцæуа. — Не ’рцæуы æнхъæл дæ? Цавæр у тæбынг? Чы- •сыл? Къæбæлы еттæмæ ницы у, егъау уæрдоны æгæр- стæмæй зынгæ дæр никуыцæй фæкæны, æмæ æнæ уый та уæрдонæн сифтындзæн нæй. Алцы дæр афтæ: стыр жмæ чысылты кæд абон нæ, уæддæр сæ искуы сæ кæ- рæдзи сæр бахъæудзæн. Дæ бон ницы у, зæгъыс? Дæ •бон нæу хорз адæймаг уæвын? Уый фæстæ ма ныр цæ- мæн бæззыс? Баууæнд мыл, æрмæст дæ фæндгæ бакæ- нæд, уый еттæмæ фадат кæддæриддæр фæуыдзæн. Цæ- виттон, зæгъæм, ды базондзынæ кæсын-фыссын æмæ мæ уырнгæ дæр кæны кæй базондзынæ рæхджы, ссар уæд иу дæхи ’мхуызон лæппу æмæ йæ сахуыр кæн. Гъе, уы- мæй бафиддзынæ дæ хæс, цыма йæ æз сахуыр кодтон, цыма йын хæрзиуæджы æз бацыдтæн. Цæй хорздзинад- мæ ма хъуамæ бабæллон, дæ хуызæн хорз адæмтæ мæ сæ куывтыты куы мысой, уымæй хуыздæр. Уый мæнæн æгъгъæд у, мæхи Габриел! Уымæй мын нæ бафиддзы- нæ мæ хæс ды? Уæдæ ма йæ куыд бафиддзынæ? Се- гас дæр æй афтæ куы фидиккой. Ницы мæ бон у зæ- гъыс? Хуыцау дын зонд æмæ зæрдæ ратта. Цалынмæ дæ туг фыцы, уалынмæ сæ сызмæлын кæн. Зонд дын дæ развæндаг рухс кæндзæн, зæрдæ та йæ тавгæ кæн- дзæн. Цыфæнды адæймаг нæ уа, — æлдар æви цагъай- раг, æз æви ды уай — алкæй зæрдæйы дæр судзы хуы- цауы бандзаргæ арт. Уыцы арты фæрцы ды, æз æмæ •æндæртæн дæр сæ бон у ахæм хъуыддаг саразын, æмæ чизоны æмæ æгас дуне дис кæуыл кæна: уæдæ цы уæл- дай у, абон æз æмæ ды чысыл адæймæгтæ кæй стæм, уый? Цæмæй йæ зонæм, чизоны сæм нæ хъысмæт æн- дæры ’рдæм фæзила, чи разæй уыдзæн, чи та фæсти- йæ. Мах хъуамæ, нæ тых цы амоны, уый саразæм, уый махæй домынц хуыцау æмæ адæм дæр... 224
Бирæ фæныхас кодта мемæ, бирæ цыдæртæ мын фæ- дзырдта, фæлæ сæ нал хъуыды кæнын, се ’гас кæцæй æрымысдзынæн, зонын уый: йæ ныхæстæ мæ ахъуыды кæнын кодтой арф. Æмæ уæдæй фæстæмæ мæ разы уд- хæссæг куы февзæра, уæддæр мæ цæстытæ зæхмæ не ’руадзин. Разæй та адæмæй дæр къæмдзæстыг кодтон. — Бирæ хæттыты йæм уыдтæн, — загъта мын Гла- хукъа, сауджын куы ацыдис, уæд, фæлæ мын ахæмтæй ницы фæдзырдта. — Сегас дæр не сфæлдисæджы конд сты, ме ’фсы- мæр, — дзуапп раттон. — Нæй, ме ’фсымæры хай, не сфæлдисæджы хъуыд- даг нæу. — Уæдæ кæй? — Уый хуыцау сарæзта, уый дæ сфæлдыста ахæ- мæй — цæмæн афтæ загъта, уымæн ницы рахатыдтæн, ацы ныхасы фæстæ фæзылд æмæ ацыд. Æз дæр ацыдтæн хæдзармæ, цы цаутæ æрцыдис, уыдоныл хъуыдыгæнгæйæ. V Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фæстæ райсом, мæ ми- тæ куыддæр фæдæн, афтæ мæ зæрдæ ахсайдта сау- джынмæ. Кæм цæры, уый тыххæй Глахукъайы афар- стон æмæ йæм иунæгæй араст дæн. Уынгмæ чи æфты- ди, ахæм ныллæг дуар бакодтон. Тыргъы тæрхæгыл бадтысты æхсæз, æви авд лæппуйы. Нæ сауджын бадти се ’хсæн гомсæрæй. Сæ иуты ахуыр кодта кæсын, ин- нæты та фыссын. Сæ фарсмæ ма чысыл тохонайы раз бадти иу цахæмдæр зæронд ус æмæ архайдта хъуы- рæуттимæ. Сауджын мæн куы ауыдта, уæд бахудт йæ мидбылты. — Ие, Габриел, æгас цу! — загъта мын уадидæгæн. Æз ын мæ сæрæй акуывтон æмæ йæм мæхи фæдзæх- сынмæ бацыдтæн. — Дæ ныхас нæ фæмæнг кæныс, ме ’фсымæр, — загъта ма уый. — Дæ хæрзиуджыты æмæ дæ амындты фæрцы, дæ рынтæ бахæрон, — загътон ма æз. — Æцæг ома? — Нæ зонын цæмæн, фæлæ дæ базындæй фæстæмæ бынтон фендæр дæн. 15. И. Чъавчъавадзе 225
— Цурон ми кæныс? — Æз дын ма амæлон, кæд дæ Габриел фæхъыг кæ- на йæхимæ цурон ныхасæй. — Дæ хуыцауы тыххæй, зæгъ ма мын, цал азы дыл цæуы?.. — бафарста мæ, æмæ нæ зонын, цæмæн мын афæлывта мæ ныхас. — Æнхъæл дæн, цыппæрдæс-фынддæс аздзыд уы- дзынæн... — Цыппæрдæс-фынддæс аздзыд, — даргъ ауагъта^ цыма фæдызæрдыг ис, æмæ мын мæ цæстытæм лыстæг æрбакастис. — Уый тыххæй та мæ цæмæн бафарстай, дæ рынтæ бахæрон? — Афтæ, раст дын куы зæгъон, уæд афтæ æнхъæл уыдтæн, зæгъын, фылдæр дыл цæуы... — Ахæм дызæр- дыгæй мын загъта уый, афтæ сабырæй, цыма йæ ны- хас æрдæгыл фæуагъта, цыдæр æнæрымысгæйæ. — Мæ- нæ, йе, гыцци, — сауджын цырд фæзылди зæронд усы ’рдæм!— знон дын цы Габриелы тыххæй дзырдтон, мæ- нæ уый у, йе; цыппæрдæс æви йыл фынддæс азы цæуы. Зæронд ус мæм æрбакасти æмæ загъта: — Хуыцау æй байрæзын кæнæд йæ ныййарджыты фæндиаг. Æз дын нæ фæдзурдзынæн, кæсын-фыссын куыд ахуыр кодтон, уый: æнæуый дæр мæ ныхас ныддаргъи,. хъусынæй мæм куы сфæлмæцай. Зæгъдзынæн дын, би- рæ фыд афтæ нæ рæвдауы, уый мах куыд рæвдыдта æмæ нæм йæ хъус куыд дардта, тагъд рæстæджы мæ- сахуыр кодта кæсын-фыссын. Æртæ-цыппар мæймао* æрмæст кæсын нæ базыдтон, фæлæ ма сахуыр кодтон иу цалдæр куывды æнæкæсгæйæ æмæ ныр дæр ма мæ зæрдыл лæууынц. Иу цасдæр рæстæджы фæстæ мæн рахицæн кодта иннæ ахуыргæнинæгтæй, загъта мын: «Уари куы ра- зындтæ, мæхи Габриел. Æндæргъуызон бахъæудзæн мах ахуыр. Иннæ лæппутæ сабитау хилынц, ды та раз- мæ згъорыс. Абонæй фæстæмæ уыдон цæудзысты, ныр- мæйау, райсомæй, ды та мæм цу изæрæй. Куы æрцæ- уай, уæд сбаддзыстæм иу чиныг кæсыныл, дыууæйæ æн- цондæр ахуыргæнæн у, мах, нæ дыууæ, нæ кæрæдзи сурдзыстæм размæ». Сауджыны зæрдæмæ иттæг цыдтæн. Мæ цыргъ зонд æмæ мæ арæхсты тыххæй мæ æппæлаг уыдис. «Зонын æй, — бакодта-иу сауджын, — не ссæрыстыр уыдзынæ, 226
зондджын лæппу дæ, уымæн дын дзурын уыдæттæ дæ- хи цæсты раз». Рæстæг цы уыди, уымæй æз дæр хорз сахуыр дæн кæсын, мæгуырау нæ арæхстæн фыссынмæ дæр. Иу хатт чиныг кæсыны фæстæ афтæ хорз ныффы- стон, æмæ мæ куыд раппæлыдаид, стæй мæ сбадын кодта йæ фарсмæ æмæ байдыдта мемæ ныхас кæнын. Уый агъоммæ дæр ма-иу ныхас кодта мемæ, мæ хæ- дзары митæ конд фесты, уый-иу куы базыдта, уæд. Æз ын фарстытæ лæвæрдтон, ныхас кодтон йемæ, — уæхæдæг æй куыд зонут, афтæмæй, йæ къæмдзæстыг- дзинадыл чи фæтых вæййы, ахæм адæймагау, æцæгæй нæ зонын, цæмæн афтæ, чи зоны, йæ зæрдæмæ цыды- сты мæ фарстытæ æмæ дзуаппытæ, фæлæ мын ацы хатт загъта: «Дæуæн, мæхи Габриел, иу иттæг хорз чи- ныг хъуамæ балæвар кæнон». Уый сыстади, къулын шкафы дуар бакодта æмæ дзы райста иу цахæмдæр мыхуыргонд чиныг. — Ме ’фсымæр, мæнæ ацы чиныг гуырдзиаг зæрдæ- йы хæзна, нæ мадæлон æвзагыл амæй хуыздæр æмæ бæрзонддæр ницы ис. Паддзах Тамары кæд искуы фе- хъуыстай? — Куыднæ фехъуыстон, хуыцауы конд, дам, уыд зæ- гъынц... — Хуыцауы конд, дам, цытæ дзурыс? Кæд æмæ ис- куы нæ райгуырæн бæстæ сраст кодта йæ астæу, уæд уый паддзахиуæджы рæстæджы, кæд æмæ искуы хур барухс кодта, батавта Гуырдзыстоны, уæд уый уыдис уый рæстæджы. Кæд æмæ гуырдзиаджы донг искуы йæхи бæгъатырæй равдыста, йæ зæрдæ та растдзннад æмæ фидардзинад, æвзаг та — йæ тых, уæд уый уыдис уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны арфæгонд мад Тамар паддзах куы уыди! Уый нæ мад уыди, мах — йæ хъæ- бултæ... Уый уæд ахæм рæстæг уыди, ме ’фсымæр, æмæ буц уыдыстæм, гуырдзиæгтæ кæй уыдыстæм, уый тых- хæй. Æнæхъуаджы куы нæ загъдæуы ацы чиныджы: «Домбайы лæппынтæй нæй уæлдай, сыл домбай дæр у домбай». Уый сылгоймаг уыдис, йæ ном цытджын уыд! Нæ бæсты фидардæр цæджындз сси. — Уыцы чиныг йæхæдæг ныффыста. — Нæ, йæ галуанты царди йæ фæдонтæй — Шота Руставели æмæ йæ уый ныффыста. — Уый иууылдæр? — Иууылдæр. Кæрæй-кæронмæ... Æмдзæвгæтæй. Уый 227
æнцон бамбарæн нæу, фæлæ мах нæ кæрæдзийæн фех- хуыс кæндзыстæм æмæ йæ бамбардзыстæм æмæ дын уыцы ныхæстæ цъус мыййаг куынæ барæвдаудзысты дæ зæрдæ, дæ хъуагдзинæдтæ, сæрбахъуыды рæстæджы дын дæ маст фæрог кæндзысты, ратдзысты дын тых дæ зæронды бонты дæ зæрдæйæн æмæ дæ акæндзысты хорздзинæдтæм. — Дины чиныг у ацы чиныг? — Ме ’фсымæры хай, цыдæриддæр бахъарм кæны æмæ схъарм кæна адæймаджы зæрдæ, аргъауы куыд фæзæгъынц, афтæ, — цырагъау иннæтæн чи барухс кæ- на, уыдон се ’ппæт дæр сты сыгъдæг æмæ уарзон, ме ’фсымæр, æцæг адæймаг уый у, æмæ йæ зонды, куысты дыргътæ æмæ йæ зæрдæйы хорздзинад чи нæ ауæрды уыдæттæй хъуаг адæймæгтæн. Ахæм хæрзиуæгдзинад хуыцауæй арфæгонд у кæддæриддæр, æмæ уæд иууыл- дæр вæййынц сыгъдæг, уарзон. Зоныс, æз уый тыххæй цæмæн дзурын дæуæн, уый? Ам иу ран афтæ фыст ис: — «Адæймаг адæймагæн йæ цард хъуамæ ма бахæ- лæг кæна. Иæ зæрдæ йын ратта æххæстæй. Уарзондзи- надæй хъуамæ сараза фæндаг æмæ хид». Æнхъæл дæн, афтæ фыст у, кæд æй нæ ферох код- тон, уæд. Уый хуызæн бынæттæ сыгъдæг æмæ арфæ- гонд бынæттæ не сты цы? Æз, дисгæнгæ, кастæн сауджынмæ. Иæ цæсгом фен- дæр ис, йæ цæстытæ тæмæнтæ калдтой, йæ зæрдæ гуыпп- гуыпп кодта, йæ риу-иу уæлиау фæцыдис. Æз фæфип- пайдтон, цыдæр ма йæ зæгъын кæй фæндыдис, фæлæ йæхи фæурæдта æмæ, йæ тыхсынгæнæг хъуыдытæ асур- гæйæ, дыууæрдæм хатæны рацу-бацу кодта. , —Кæйфæнды хуыцауæн егъау цыт æмæ кад скæ- нын, — чысыл фæстæдæр загъта сауджын йæхимидæг, — уый хъуамæ йæхицæн скæна дыууæ номы. Иу ном дзы баззайдзæн ам, уæлæуыл, иннæ та афардæг уыдзæн йемæ уырдæм. Уый та хъуыдыты ацыди уыцы ныхæсты фæстæ, ра- цу-бацу кодта хатæны дыууæрдæм, цыма’дзы æз фе- рох дæн. Стæй мæ фæхъуыды кодта, фæзылди ме ’рдæм, æрбакасти мæм æмæ бакодта: — Цæй бакæсæм! Уый æрбадти мæ фарсмæ, чиныджы сыфтæй цалдæр рафæлдæхта æмæ мæм æй æрбадардта/ Æркасти, йе ’нгуылдзæй кæм амыдта, уырдæм.’Уым афтæ: фыст уы- 228
дис: «Таурæгъ аравиаг паддзах Ростеваныл». Æз æй афарстон: — Цæмæннæ дæ фæнды. Æмæ йæ сæрæй бакæсон? — Тагъд ма кæн, алцы дæр йæхи афоныл хъæуы. Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ йæ райдайæн зын у дæуæн дæр æмæ мæнæн дæр. Уымæй уæлдай раныхасы сæр раст ацы ран ис. Куыд æмбæлы, афтæ йæ куы бамба- рæм, уæд ын фæстæдæр бакæсдзыстæм йæ райдиан дæр. Æз дæр бакастæн йæ коммæ. Уыцы бонæй фæ- стæмæ мах байдыдтам кæсын: «Вепхис тъхъаосани». Уæд мыл цыдис æвддæс азы. Уыцы бонтæ мæм ирд бонты хуызæн кастысты. Уыдон афардæг сты æмæ ни- куыуал æрыздæхдзысты... Цы сарæзтæуа, зæрдæ ма уæддæр æфснайд дары йæ хъæрмад æмæ уый дæр дзæ- бæх ныфс куы у. Арæх-иу мæ æрурæдта æ^мæ касти. Кæд æмæ-иу дзырдтон, зæгылп, æмбарын сæ, уæд дарддæр касты- стæхМ, куынæ-иу æмбæрстон, уæд-иу мын лыстæггай æмбарын кодта, афтæмæй-иу уый цы дзырдта, уыдон нæ уыдысты уыцы чиныджы фыстытæй мæгуыраудæр. Куы ахæццæ дæн, афтæ фыст кæм ис, зæгъгæ: «Цы рат- тай, уый дæхи у, цы нæ раттай, уый та сæфт у», уæд мæн сауджын баурæдта иу дзæвгар. Уарзта ахæм рæт- ты æрлæууын æмæ сыл ныхас кæнын. Ох, уыцы дисса- джы куыстытæ æмæ æрмæст уыдон нæ, фыны хъуыды- гæнæгау сæ ныр дæр хъуыды кæнын, уый цытæ дзырд- та, уыдон. — Уый бамбæрстай ды? — бафарста мæ. — Еванге- лийы чиныджы ис ахæм фыст, Чырысти йæ ныууагъта махæн. Кæд æмæ ие схъыг дæ, уæд дын æй радзурдзы- нæн. Царди кæддæр иу хъæздыг лæг æмæ йын уыдис, кæй зæгъын æй хъæуы, æххуырстытæ. Иухатт, йæхи сбæлццонгæнгæйæ, æрымбырд кодта йе ’ххуырстыты æмæ сын ратта æхцатæ. Иуæн ратта бирæ, иннæмæн — цъусдæр, æртыккагæн та бынтон цъус, æмæ сын загъ- та: ацы æхцатæй афтæ бакусут, æмæ сæ æфтиаг куыд æркæнад. Куы ’рбаздæхон, уæд мын радзурут, куыд сæ спайда кодтат, уый. Йæхæдæг афардæг. Дыууæ æххуырсты бакодтой зондджын ми. Уыдон сыххæст кодтой сæ хицауы фæ- дзæхст æмæ ссардтой дыууæ хатты фылдæр, цы сæм ратта сæ хицау, уымæй. Æртыккаг ницæйаг адæймаг уыд, æнарæхст æмæ зивæггæнаг. Уæд загъта йæхицæн. Кæцæй хъуамæ ссарон æфтиаг та, уыдон дæр мын куы- 229
Пæ фесæфиккой. Уый æхцатæ райста æмæ сæ сыджыты баныгæдта. Æрцыд сæ хицау æмæ раппæлыд фыццаг дыууæйæ сæ арæхстдзинады тыххæй, æртыккагмæ та мæсты сси. Байста уый уымæн йе ’хцаты æмæ сæ рат- та, æфтиаг сæ чи æркодта, уымæн. Æртыккаг æххуырст баззадис афтид армæй. Уый та, мæгуыр, йе ’хцатæн фе- сæфынæй тæрсгæйæ, сæ баныгæдта сыджыты, æмæ йын уæддæр фесæфтысты. Уый сæ куы байуæрстаид, уæд ын уыцы æхцатæ нæ фесæфтаиккой. Хицау у хуыцау, мах та йæ лæггадгæнджытæ. Хуы- цау негасæн дæр ратта зонд æмæ зæрдæ, хæрзиуæг кæ- ныны фадæттæ. Æцæг у, иутæн дзы фылдæр хай фæ- кодта, иннæтæн цъусдæр, фæлæ фылдæр хайджынтæй фылдæр домдæуы, цъусдæр хайджынтæй та цъусдæр. Утæппæт нын уый уымæн нæ ратта, æмæ сæ мах æм- бæхсæм лагъзыты кæнæ сыджыты, æгуыдзæг цагъай- рагау, фæлæ сæ раттæм уыдон мондæгтæн, дунейыл ахæмтæ та бирæтæ сты. Гъе науæд нæ хуыцау дзуапп куы æркура, уæд нæм ницы разындзæн. Ие, уымæн æцæг афтæ сты, уыцы дзырдтæ: «Цы раттай, уый дæ- хи у, цы нæ раттай, уый та сæфт у». Фесæфдзæни уы- цы хæрзиуæг райдианæй фæстæмæ нæ хуыцау алкæ- мæн кæй ратта, афтæ куынæ бакæнæм мах, æмæ уы- цы хъæздыгад æмæ хорздзинæдтæ фылдæрæй-фылдæр куынæ кæной, уæд. Сауджын уыдæттæ куы дзырдта, уæд байгом ис чы- сыл хатæны дуар æмæ мидæмæ бахызти иу цахæмдæр мæгуыр ус. Зæронд, бызгъуыртæ пæлæзы тыхтæй. Сау- джын тæрхæджы уæлæ мутакайыл æнцой кодта æмæ уадидигæн фестади. — Æгас цу, Мариям, æгас! — хъæрæй салам ратта сауджын. — Дæ лæг та цы хуызæттæ у? — Цы хуызæн ма хъуамæ уа, дæ фæхъхъау фæ- уон, — хъынцъымгæнгæ загъта зæронд ус, — де знагыл дæр ахæм бон æркæнæд, ууыл цы бон æркодта. Дæ мад мын хостæ цы бон ратта, уыцы бон фенгæсæн, фæлæ та абон райсомæй стыхджындæр ис йæ нпз. Ницыуал мæ сæрæн зонын, цы ма бакæнон, уымæн! Мæ зæрдæ фæцæйтоны, куы йæм бакæсын, уæд. Хуыцау мæм йæ чъылдым раздæхта! Ардыгон мын нал у, дæ фæхъхъау фæуон! Цы ма кæндзынæн, хуыцауы цæхæртæ мыл куы ныккæлой, уæд, æмæ... Иæ цæссыгтæ йæ нал бауагътой дзурын. Бакастæн æз сауджынмæ. Иæ цæсгом нынкъардгъуыз, йæ сæр æр- 230
уагъта, йе ’рфгуытæ сымпылдта, цыма йæ зæрдæ рис- сы низæй. Диссаг у, иу адæймаджы зæрдæйы куыд цы- дысты утæппæт адæмы маст æмæ рыстдзинад! Сауджын сыстадис, хатæны дыууæрдæм рацу-бацу- йыл фæцис, фæлæ иу ныхас дæр не скодта: цыма уы- цы усы æрсабырмæ æнхъæлмæ касти, афтæ мæм фæ- зынди. Фæлæ куы федта усы æнæрынцой кæугæйæ, уæд æм бакасти æмæ йын загъта ахæм зæрдæхæларæй, æз арæх кæй хъуыстон, уымæй, æмæ цалынмæ мæ уд мæ мидæг уа, уæдмæ кæй никуы ферох кæндзынæн. — Ма ку, мæ мады хай!.. Хуыцау нæ уарзы тасзæр- дæ, хуыцау хæрзиуæгджын у, егъау у йæ хæларзæрдæ- дзинад. Не скаст уымæ у, уый у нæ ирвæзынгæнæг, уый уарзы фæллойгæнджыты æмæ уаргъы бын уæвджыты: цыфæнды дыл æрцæуа, уæддæр дæ хуыцау нæ ферох кæндзæн йæ хæрзиуджытæй. Кæуын нæ хъæуы! Дæ зæрдæ дар хуыцауыл æмæ адæмы зæрдæхæлардзина- дыл. Ма ку! — Цы саразон, дæ фæхъау фæуон? Цæссыг масты хос у... Зæрдæ куы фæриссы, уæд цæссыг йæхæдæг фез- гъæлы, — богъ-богъгæнгæ дзырдта зæронд ус. — Раст зæгъыс, мæ мады хай, уыдон масты хос сты, зæрдæйы рис фæфæлмæндæр кæнынц, фæлæ цæссыг- тæ зонды рухс куы батары кæной, уæд уый хорз нæу. Цæссыг цæстæн зиан кæны, аннæма>й та дæ лæг афтæ хъæрзгæ у æмæ йыл кæуай? Мæ мад ын цы хос ратта, уый дын куы феххуыс ис, ахæсс ноджыдæр. — Бузныг, дæ рæвдыддзинады тыххæй, æз дæр уы- мæн ’рбацыдтæн, — загъта ма хæкъуырцгæнгæйæ: — иу хæрзиуæджы тыххæй ма уæм æрбацыдтæн. — Зæгъ, зæгъ, — фæцырд æм сауджын. — Уæхæдæг æй зонут, нæй мын, сымах йеттæмæ кæ- мæ баулæфон, мæ зæрдæ кæуыл фæдарон. Худинаг мæм кæсы: мæгуыргурау, уе ’рттæм кæсын, тыхсын уæ кæ- нын, фæлæ... — Æгъгъæд у, мæ мады хай, бамбæрстон дæ, — сау- джын æй нал бауагъта дзурын. — Гыцци! — иннæ ха- тæны йæ мадмæ фæдзырдта. — Мариямы дæумæ ис хъуыддаг. Фæуай, — загъта усæн, мæ мад æй зоны. — Хуыцау дын раттæд сидзæрты æмæ идæдзты фæн- Диаг. Хуыцау дын балæггад кæнæд мæгуыртæн кæй ба- лæггад кæныс æмæ... — Æгъгъæд у, æгъгъæд, — нæ та йæ бауагъта сау- 231
джын кæронмæ зæгъын æмæ асырх афтæ, æмæ цыма фæкъæмдзæстыг арфæтæй æмæ сæ йæхи хызта. — Хуыцау дæ хъæлдзæг уадзæд, цырддæр ауай æмае рынчынмæ æркæс. Кæугæ дæр ма кæн. Цæссыг ын ни- цы фæахъаз уыдзæн, æрмæст æй тыхсын кæны. Зæронд ус ацыдис, фæлæ сауджынæн йæ бон нæ уыд йæхи æрсабыр кæнын æмæ катайы уыдис уыцы усы хъуыддаджы тыххæй. — Куыд хъуамæ ма батæригъæд чындæуа ацы æна- мондæн, — загъта чысыл фæстæдæр, — æуыцы иу дарæг æй ис дунейыл — йæ лæг. Удхæссæг ын ахаста йæ фырт æмæ йе ’фсымæры æмæ ныр, мæгуыр йæ бон, баззай- дзæн быныбынтон дзæгъæл, æнæфæкæсæгæй. Йæ лæг хорз адæймаг уыд, раст у, уый йæ цæсгомы хиды фæр- цы ардта йæ къæбæр, фæлæ æцæг адæймагыл афтæ- куы æмбæлы: царди æмæ дардта йæ усы йæ тугвæл- лойæ. Нырма уыцы ус цы кæндзæни? О, хуыцау, арфæ- гонд уæд дæ рæстдзинад! — Арфæгонд уæд йæ рæстдзинад, — баксдтон æз> дæр сауджыны зæрдæхæлардзинады сæраппонд. Хуы- цауы хæлардзинадæй дуне цух нæу, дæ хуызæн адæй- мæгтæй цардæй æнæхай адæмтæн цин æмæ рæвдыддзи- над чи хæссы. Дæ ныхæстæ басур кодтой уыцы ’намонд. усы цæссыгтæ. Сауджын мæм ницы сдзырдта. Уый нæ фехъуыста,. æз цы дзырдтон, уый. Зæрдæхæлар адæймагыл кæддæ- риддæр бадис хъæуы. Уый нæ уарзы айдæны йæхимæ- кæсын, ууыл æлгъ кæны, цыфæнды йæм дзур, æрмæст ын йæ хорздзинæдты кой ма скæн. Фæлæ цы, хуыцау сæ куы уыны æмæ сæ куы фыссы йæ армы тъæпæныл. Арв зæххы айдæн у, уым фæзынынц ацы мæнг дунейы архайдтæ. VI Кæд æмæ уын зæрдæ ис, уæд бамбардзыстут: ца- вæр уыдысты уыцы усæн уыцы хæларзæрдæ адæйма- джы фæлмæн, рæвдауæн ныхæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сауджыны хуымæтæджы ныхæстæ уд здахæг не сты. Уыдонæй мард нæ райгас уыдзæни. Фæлæ уæд- дæр бахъуыды сахаты дæ къух бадæтдзынæ тыхст адæй- магмæ, уый стыр хъуыддаг у. «Хуыцауæй ныфс стыр- хъуыддаг у», — загъта сауджын. Æз цы федтон, уымæй 232
зонын, уыцы ныфсæй йæ тых къаддæр нæу, адæймагæн* йæхицæй куы рацæуы, уæд. Кæд æмæ дыл искуы исты фыд æрцыдис, уæд зоныс, цахæм адджын уды хос у ахæм хуымæтæг ныхас уымæн, маст æмæ ныфссасты бын чи фæцис. Уæлдайдæр та уыцы ныхасы куы вæййы зæрдæбынон ахсджиагдзинад, дæ риуæй ахаудзæн уæз- зау уаргъ. Æнхъæлдзынæ, цыма уыцы ныхæстæ аха- стой семæ дæ мастæн йе ’рдæг. Ныхас цыма у хуымæ- тæг уынæр. Уый æнцон куы у дзурæгæн. Фæлæ цас мæрддзæст адæм ис, фæлмæн ныхас дæр чи нæ уæлдай кæны. Раст у, иуæй-иутæ сыл нæ фæцауæрдынц, фæлæ- уыдон мæстджын зæрдæмæ нæ бахъарынц, иæ дзы ахи- зынц суанг йæ бынмæ. Ахæм адæймæгтæн сæ бон нæу адæймаджы барæвдауын, басабыр æмæ йын ныфсытæ* раттой. Дидинджытæ нæ райхæлынц зымæгон хуры тын- тæм. Ахæм нæ уыдис сауджын, куы нæ федтаис, ус кæ- уын куы райдыдта, уæд! Йæ хæлардзинад зынди йæ- цæстытыл, йæ цæстытæ дзырдтой: «Цы кæндзынæ, мæ- мады хай, мæ тугæй сдзæбæхгæнæн куы уаид дæ мо- йæн, уæд мæ тугдадзин бакæнин æмæ баназын кæнин мæ туг уымæн». Ахæм адæймаджы ныхæстæ æрдæджы бæрц фæрог кæнынц фыдæхдзинад æмæ рустыл басур кæныиц цæссыгтæ, иттæг фæлмæн цыллæ æртты кæл- мæрзæнау. Куыд арæхсын, афтæ дын радзырдтон, сауджын- усæн цы загъта, уыдон. Афтæ диссагæй ницы загъта, фæлæ уæ бауырнæд, уыцы ныхæсты тыххæй хатæны баззади йæ мастдзинад, æмæ афардæг ис уый басабыр- гондæй. Ратдзæнис, мыййаг, хур уый бæрц, уазалæй мæллæг дидинæгæн фыдох æмæ мастæфхæрд зæрдæ- йæн адджын, ахсджиаг рæлдауæн ныхас цæй бæрц рат~ та хъарм? О, о! Уый куыд зынаргъ у! Зæхх бацъæх вæййы хъармы фæрцы, хъарм царды райдиан, царды суадон у. Фæлæ ныхас та циу! Уыцы сауджын æрмæст ныхæстыл нæ уыди. Фæстагмæ базыдтон æз, æмæ йæ- хæдæг дæр кæй нæ уыдис мулчы хицау, афтæмæй дард- та афæдз æмæ æрдæджы дæргъы уатон уæвæг рынчын< æд ус. Гъе, уый дын хуьшауы конд адæймаг! Сауджын мын. уæд радзырдта адæймаджы зæрдæйы хъæздыгдзинæд- ты тыххæй, æмæ хуыцауы бафæндыди, цæмæй уыцы> ныхæстæ царды мидæг дæр федтаин æмæ сæ федтон- мæхи цæстæй. Уый æцæг хуыцауы диссаг уыдис. Уыцьь 23а
сахатыл уыцы ус уымæн бацыдис, æвæццæгæн, æмæ мын сауджын уый агъоммæ кæй загъта, уый царды мæхи цæстæй федтон. Фæнды дæ, баууæнд мыл, фæнды дæ, ма мыл баууæнд, фæлæ дын дзурын æз æцæгдзинад, уый диссаг уыди. Дыккаг диссаг та æрцыдис уæд, æмæ ’чиныг кæсгæ куы ахæццæ стæм мæнæ ахæм ранмæ: «Нæй, нæ уромы мæлæты Нæ къæдзæх, нæ дæр фыдвæндаг, Уымæй алцы дæр сраст вæййы Мæллæг уа, æви ’хсарджын уа. Æмæ сиу кæны фæстагмæ Цагъайраг æмæ барджыны, Фиднссаг царды бæсты та Кадимæ мæлæт хуыздæр у». Раст уыцы рæстæджы уынгæй æвиппайды æрбай- хьуысти хъæлæба æмæ фæдисы уынæртæ. Æз уын загъ- тон, Къуары былмæ æввахс кæй цардыстæм æмæ сау- джыны хæдзар дæр уырдæм æввахс кæй уыди. Сау- джын афæлурс æмæ афтæмæй разгъордта хæдзарæй. Æз дæр йæ фæдыл. Уыдис изæр. Чысылæй, стырæй адæм уæрдонвæндагыл згъордтой уырдыгмæ, Къуары ■былмæ. — Цы хабар у, æфсымæртæ? Цы æрцыдис? — фæ- хъæр кодта сауджын. — Цы, дæ рынтæ бахæрон? Лæг доны сæфы, — загъ- та йын чидæр. Куыддæриддæр уый фехъуыста сауджын, афтæ цырд- дæр азгъордта. Згъоргæ нæ — тæхгæ кодта, бæгънæг- сæрæй, фæйлаугæ сæрыхъуынтимæ. Æз тырныдтон, дæмæй фæстийæ ма баззадаин. Доны былмæ нызгъор- стам. Къуары бæрзонд былыл адæм дзыгуыртæ кодтой, дзыгуыры бирæ сылгоймæгтæ уыдис. Иттæг хъæлæба æмæ цъах-цъах кодтой, сылгоймæгтæм цæст бакæсын дæр нал уарзта сæ тæригъæдæй, афтæ æрдиаг-сар код- той. Куыддæриддæр сауджыны ауыдтой, афтæ фырци- нæй æмдзыхæй схор-хор кодтой: «Сауджын æрцæуы, •сауджын, табу хуыцауæн, чырыстон удгоймаджы до- нæн аласын нæ бауадздзæн!» — кæд æмæ йыл æвип- пайды афтæ бацин кодтой, дæ рынтæ бахæрон, уæд зы- ны æргомæй,' сауджын ма уæдмæ дæр ахæм хабæрттæ бирæ кæй федта, æмæ ныр алкæй дæр ныфс бацыдис. 534
Сауджын ницы сдзырдта, кæсгæ дæр никæмæ ба- кодта, йæ цæстытæ Къуары цыдæй нал иста, йæ цæ- рæмбонты йын знаг дæр цы ис, уый цыма уым сæфти, афтæ зындис. Æвиппайды йæ дарæс фелвæста æмæ сæ мæ фарсмæ зæххыл андæгъта. Уыцы цъус дуджы дæр, æгæрыстæмæй, йæ дзаумæттæ куы ласта, уæддæр йæ цæ- стытæ нæ систа Къуарæй. Æз æм бакастæн: æрмæст ма бафæрæзта зæгъын æнкъард æмæ фæлурсæй: «Лæг до- ны сæфы, уый дæр мах хуызæн у æмæ йæ ничи ирвæ- зын кæны?» — стæй йæхиуыл дзуæрттæ афтыдта æмæ доны батæррæтт кодта. Æмæ стæй йæ фæдыл донмæ агæр-гæр кодтой иугæйттæй-дыгæйттæй иу авд лæппу- йы. Æвæццæгæн сæхимæ æгад фæкасти. Иу цасдæр рæстæджы дæргъы сауджыны нал ауыд- тон. Æз ын тæрсын райдыдтон, зæгъгæ, ма фæхуыдуг уа: «Цы бачындæуа, ма фæдæлдон уа мыййаг», — фыр- тæссæй сдзырдтон æз. — «Гъм, — бахудти мæ фарсмæ иу лæг, — уæдæ йæ ды, æвæццæгæн, рæстмæ нæ зоныс, — загъта мын доны гуылфæнтæм лыстæггай ныккæсгæйæ, — сыгъдæг уд адæймаг æй мæнгæй нæ хонынц. Уымæн цæхæр æмæ дон ницы хъомыл сты. Нæ дæ уырны, уæд ма акæс, уæртæ кæм сленк кодта доны бынæй!» Уый цингæнгæйæ йæ къухæй ацамыдта, фæзын-фæ- зын чи кодта, доны астæу чи фæуынгæг ис фæйлауæн- ты, уыцы ленкгæнæгмæ. Æз акастæн: сауджын доны бæлæгъау цырд ленк кодта размæ. Сауджынæй чысыл дарддæр доны удхар кодта, йæ тыхтæй рафтыди, афтæмæй цы кусæг дæл- дон кодта, уый. Куыд рабæрæг ис, афтæмæй уый кæд разынд доны кусæг. Уый-иу куы йæ сæр сдардта до- нæй, куы та-иу бынтондæр нал фæзынди. — Ма тæрс, — хъæр кодтой адæм, — чысыл ма ба- фæраз, дæхи фæхъæбæр кæн, дæ ирвæзынгæнæг дæм ныр баввахс ис! — ленк кæны, тох кæны донимæ сау- джын, адæм та доны был лæугæйæ сæ хъæрæй фæлва- рынц сауджыны фæныфсджын кæнынмæ: «йæ нывонд фæуон дæ раттæгæн! Арфæгонд уæд дæ цонджы тых. Æйтт... Æйтт!.. Куыд ленк кæны... Иæ мады æхсыр кæ- ’мæн батади, уый æуый у!» — чидæр хъæр кодта бар- Дзы ’хсæнæй. — Æмæ тайгæ та кæмæн нæ бакодта мады æхсыр? Æниу арфæгонд риу хъæуы, цæмæй ахæм фырт схъо- *шл чындæуа, — бакодта чидæр фæрсырдыгæй. 235
Фæлæ сауджыны нæ хъуыдис нæдæр адæмы ныфсьь^ ты сæр, нæдæр се ’ппæлын. Уый иста тых æмæ ныфс уыцы цæхæрæй, йæхи загъдау, махæй алкæй хуылфы^ дæр чи ис. Цы ма дзурæм уый тыххæй та? Хæрзиуæг кæнынмæ афтæ тырныдта, æмæ йæ бацырд кæнын бын- тон ницæмæн хъуыдис. Хæрзты бацæуын йæхæдæг агуырдта, ныр æм æрхаудта рæстæг, æмæ йыл монда- гæй йæхи ныццавта. Хуыцау дæ рын æмæ зынæй афтæ бахизæд, уыцы сауджын уыцы кусæджы мæлæты дзыхæй куыд бай- ста. Донласты былмæ куы раластой уадзыгæй, уæд ма йыл сауджын бирæ-бирæ архайдта, куыд хи æфсымæ- рыл. Фæстагмæ донласт æрчъицыдта. Фæлæ сауджын- мæ цъусдæр фæкæсын нæ хъуыдис, мыййаг. Хъуыддаг уыдис фæззæджы. Уый бынтон ныцъцъæх ис, срызтис ихæнæй, йæ дæндæгтæ кæрæдзийыл хоста уазалæй. — Глаха! — загъта кæмæндæр сауджын, — акæн ацы мæгуыр лæджы ахсæв дæ хæдзармæ. — Цы мын зæгъыс, уый сараздзынæн, æнцон хъуыд- даг у, дæ рынтæ бахæрон! — загъта уый. — Ды, чысыл ма дæ бахъæуа, уый тыххæй дæхæдæг фесæфай, уæд мæнæн йæ бавæрын цас зын у? Цæй-ма, лæппутæ, ах- хуыс мын кæнут. Фæдзырдта адæммæ, адæм бахæццæ сты, фелвæстой кусæджы сæ къухтыл æмæ йæ арæхстгай ахастой. Сау- джын цыдис сæ фæдыл. — Хуыздæр уаид, ды хæдзармæ куы ацæуис, уæд> дæ рынтæ бахæрон, — загътон ын æз. — Дæ бон нал у, уазалæй ризыс. — Нырма йын æххуыс хъæуы, — загъта мын сау- джын. — Дæхи кой дæр дæ бакæнын хъæуы, — ныххи- вæнд дæн æз. — Уæлæ, йе, мæнæн чи баххуыс кæндзæн, уый,— арвмæ скæсгæйæ загъта уый. Уый нæ рацыди донласты цурæй уæдмæ, цалынмæ- йæ нæ бауырныдта, мæлынæй тас ын нал у. Кусæджы сауджын фервæзын кодта, фæлæ, чысыл- ма бахъæуа, йæхи уд ма ратта хуыцауæн. Уый фæрын- чын æмæ ма рынчын рынчыны хуызæн куы уыдаид, фæлæ мæлæтдзаг рынчын. Æндæр исчи уымæй фæфæс- цон кодтаид æмæ загътаид: æмбæлди мæхи искæй тых- хæй байсафын? Даринаг мын куы нæ уыдаид, уæддæр* ма ницы кæны, фæлæ мыл исты фыдбылыз куы æрцы- 236
яаид, уæд ма мæ мады кæй ныфсæй уагътон, мæны йеттæмæ йын куы ничи ис? Йæ мад та йын дзырдта: — Мæ хъæбул, дæхи цæуыл мардтай? Кæд æй дон ласта, уæд нæ аххос цы уыдис? Дæуыл исты куы æр- цыдаид, уæд цы загътаис дæ мадæн, мæрдты бæстæйы йыл куы фембæлдаис, уæд? — Æз дыл фембæлдаин сыгъдæг зæрдæйæ, уымæн земæ мын дæ риуты æхсыр ратта хъару хæрзиуæг са- разынæн, — дзуапп ратта сауджын. — Æмæ мæн нæ фæрсыс! Мæ цæрæнбонты циндзи- над иунæг ды дæ! Æмæ ды та дæхи хъахъхъæнгæ нæ бакодтай, чысыл ма бахъæуа кæйдæр тыххæй дæхи байсафай... — Æмæ мæн хуыцау куы фервæзын кодта, куы ни- цы мыл æрцыди! — Куыд ницы дыл æрцыди, æртæ боны дæргъы мæ разы æдзынæг мардау лæууыдтæ æмæ дыл кæугæ куы кодтон! Цы хъуамæ кодтаин, хуыцау мæм куынæ фе- хъуыстаид, уæд? — Бирæ адæмтæ ис дунейыл, гыцци! Алы хорз адæй- маг дæр дын фырты бæсты уыдаид. — Уæуу-уа! Хуыцау дæ фæдзæхст, — йæхиуыл дзу- «æрттæ афтыдта зæронд ус, — уыцы бонмæ мæ хуыцау ма фæцæрын кæнæд, мæн фæнды, цæмæй мæ дæхæдæг баныгæнай, мæ хъæбул. Рынчын-ма куы уыди, уæд æм иу хатт бацыдтæн земæ йын загътон: — Ды дæхи нæ хизыс! Дæхицæн нæ, дæ мадæн уæд- дæр фæтæригъæд кодтаис. Ацы егъау дун-дунеты æвæ- гæсæгæй дæ мады ныууадзын егъаудæр тæригъæддзи- над нæу? — Уым, ме ’фсымæры хай, тæригъæддзинад нæй, тæригъæддзинад уый у, æмæ дæ ныййарæджы хъиамæт уæгъды куы фæуа, куы ницы дыргътæ ратта хъæбулы зæрдæйы, уыцы рæстæджы, рæгъæд афон куы æрцæ- уа, — дзуапп ратта рынчын мæллæг хъæлæсæй. — Æв- вахсдæр мæм æрбад, уыцы бон мæ мадæн мæ бон ницы зæгъын уыдис. Уый зæронд ус у æмæ йæ цыма нæ уар- зьш, афтæ ахъуыды кодтаид. Мады зæрдæ уарзондзи- нады денджыз у, мадæн, дзырдæн зæгъæм, йæ хъæбул удисыныл у æмæ йын куы зæгъай, зæгъгæ, дæ хъæбул ма фæцæрдзæн æрмæст дыууæ боны, дæ уд’ цæргæцæ- рæнбонтьь хæйрæджытæн куы раттай, уæд мад «нæ» 237
ницæй тыххæй зæгъдзæн. Фырт куы бакæна йæ мады сæраппонд афтæ, уæд мад фæхъынцъым кæндзæн. Æды- лы куынæ дæн, — мæ тыхты бæрц куынæ зыдтаив æмæ мæ хуыцауæй ныфс куынæ уыдаид, уæд нæ ба- гæпп кодтаин доны змæст хуыдыммæ. Хуыцау мын рат- та тых, уый фæндыдис, цæмæй мæ тæригъæдджын къу- хæй уыцы кусæг фервæзтаид æмæ сæфгæ дæр куы фæ- кодтаин, уæд æдылы мийы тыххæй уыдаид? Уæддæр нæ искуы мæлын хъæудзæн, абон кæд нæ, уæд сом, — хуыздæр нæу дæ уд æрхæссай нывондæн хуыцауы тых- хæй кæнæ... ма дын ноджы цы зæгъдзынæн адæймаджьг сæрвæлтау (сауджын фæсырх уый зæгъгæйæ). Цы хæр- зиуæг саразай, уымæй зæххыл баззайдзæн дæ ном æмæ дын æндæр дунемæ та фæндаг бакæндзæни, мæ хæлар. «Æппæт ссаринæгтæй ном ссарын хуыздæр у». Цыфæн- ды дæр дзурæм, цыт æрхæссы амонд удæн, цыт мад æмæ фыртæн дæр дзæнæты фæндæгтæ ныррухс кæны,. уый зындоны æртытæ дæр ахуыссын кæны. Мæ мад та уый не ’мбары, уый тыххæй йын уый зæгъын не сфæ- рæзтон. — Уæлдай нæу, раст дæ ды, фæлæ... — Фæлæ цы? — Уæд та, дæ рынтæ бахæрон, уый æмæ... — Æмбарын, дæу цы фæнды зæгъын, уый, — мæ ра- зæй фæкодта йæ ныхас сауджын, — уæд цыма афтæ- цæуы, хæрзиуджытæ чи аразы, уый сæ цыты сæрап- понд аразы? Нæ, хорз ном йæхæдæг хорз хъуыддæгты руаджы ’рцæуы. Раст у, æцæгдæр, бирæтæ хæрзиуæг аразынц цыты сæраппонд, цæмæй кад скæной сæхицæн. Уый афтæ цæуы, æмæ уыдон хæрзиуæг уæй кæнынц. кадыл. Уый мæгуырау ми у, фæлæ мах ахæмтæм цы. хъуыддаг ис? Уадз, уæй кæнæд! Базайраг æрмæст хорз; уæд, хъуыддаг йæхæдæг бæззон уæд. Сусæг хъуыдыты тыххæй та хуыцау йæхæдæг фæуæд тæрхонгæнæг. Цæ- виттон, зæгъæм, гутон чи æрымысыдис, уый чизоны иннæ адæмы мæт нæ кодта уый бæрц, цæй бæрц йæ- уды, йæхи мæт, чи зоны æхсæны æфтиагыл афтæ нæ тыхст, цыт рамбулыныл куыд тыхсти, цы уæлдай у? Хуыцау ын раттæд удæнцой. Чи зоны, мæгуыргурæй амардн уый, фæлæ дун-дунеты бирæнымæцон адæмæк уый кæрдзыны къæбæр ссардта. Иæ ном зæххы цъа- рыл нал ис, хъуыддаг та цыфæнды цытæй бæрзонддæр у, — æмæ баззад цæргæцæрæнбонты, хъуыддаг афтæ стыр у æмæ у æгас дунейы тæригъæдты æмбæрц. Ныр 238
сЬæрсгæ дæр ничиуал бакæндзæни: цы фæндыдис уьг- цы æнамонды, йæ зонд æмæ йæ цæстытæ уыцы хъуыд- яаг æрымысыныл куы ныббаста, уæд? Уый ныр нал ис йæ зæрдæйы хорз æмæ мæгуырау тырнындзинæдтимæ- æмæ уыцы тырнындзинæдты дыргътæ та махæн базза- дысты. — Мæнæн мæ хъуыдыйы дæр нæ уыдис уый, фæлæ- мæн фæндыдис æрмæст... — Уæдæ ма цы? — уæддæр та мæ нæ бауагъта зæ- гъын. — Цы дын загътон æз, уыдон дын ницы сты? — Чи зæгъы, æмæ мын ницы сты? — Æз дæр æй нал* бауагътон зæгъын, æз уый бæрц ахъуыды бафæрæзта- ин, мыййаг? Æз æрмæст зæгъын уый æмæ мæ ныййа- рæг мады нæ ауæлдай кодтаин искæй фервæзыны сæ- раппондæн, æз ын фæтæригъæд кодтаин, уыцы тæри- гъæд уый раз нæ райстаин мæхимæ... Дæ удæгас уы- мæн хуымæтæджы удæгасдзинад нæу. Уыцы удæгасдзи- нады уымæн ис йæ иунæг циндзинад æмæ рæвдыдад. — Нæ цæрæнбонтæ, ме ’фсымæры хай, нæдæр нæ* фыдты сты, нæдæр нæ мæдты, уыдон æгас дунейы сты æнæхъæнæй. Фыццаг уал дуне æмæ стæй та уæд мад æмæ фыд дæр. Стъалытæ анымæг вæййынц хурскастæй.. Хъуыды ма кæныс Автандил Ростеванмæ куы фыста: «Искæй тыххæй амæлын мæнæн хъазт æмæ зарын у». Уыдон хорз ныхæстæ сты, адæймаг дуне æппæт йæ- хицæттыл куы нымайа, уæд. Мæнæ ма ноджы дæр, кæд æй хъуыды кæныс, «Фидиссаг царды бæсты та кадимæ мæлæт хуыздæр у». — Хъуыды æмæ йæ æмбаргæ дæр кæнын, цæй фæ- дыл мын дзурыс уыдæттæ. Фæлæ мæн фæнды ахæм: «худинаджы» цардæй цæрын ды куыд цæрыс! Сауджын раст сывæллонау асырх. Нæ уарзта, йæ* цæсты раз дзы исчи куы æппæлыдаид, уый. — Уый бæсты мæ кой ма кæн, — къæмдзæстыг худ- гæйæ загъта уый, — ды мæ зонгæ дæр куынæ кæныс, цы адæймаг дæн, уый. — Куыд нæ дæ зонын, хуыцау дæ фæдзæхсæг! — тагъд-тагъд бакодтон æз. — Чизоны мæ зонд нæ кæрды дæ бамбарыны бæрц, фæлæ, табу хуыцауæн, куырм куы нæ дæн, æмæ дæ ма фенон. Худинаггаджы цард дам!.. — Казд æмæ нæма у худинаггаджы цард, ме ’фсы- мæры хай, уæддæр уыдаид, æвæдза, искуы афтæ. Лæг, де ’фсымæр хуыдуг кæны, дæ бон у йæ фервæзын кæ- нын, æмæ ды та, де ’рттæ дæ дæлармы бакæнгæйæ, кæ- 239
сыс сæфæг адæймагмæ. Уæдæ уый нæу худинаг? Хуы- дауæн цы дзуапп ратдзыстут, хуыцауæн? Цы йын зæгъ- дзыстут ды кæнæ дæ мад? Уый уын куы зæгъа, мый- -йаг: цæмæн амардтат уæ зæрдæйы, хæстæджыты уар- зондзинадæн уын æз кæй раттон, уый? Тыхст адæйма- гæн баххуысы сæраппондæн уын æз цы тыхтæ æмæ фæ- рæзтæ раттон, уыдон цæмæн бамбæхстат? Афтæ у, ме ’фсымæр! Иу сегасы тыххæй, сегас — иуы тыххæй, уый у царды фæндаг, уый æнцойады хид у, уый дзæнæты дуæртты дæгъæл у. Афтæ мын барухс кодта мæ фæндаг уый, фæлæ мæ хьысмæт мæн фæсайдта æмæ мын бар нæ ратта уыцы фæндагыл цæуынæн. Айнæг райхæлди, ныббынæй мæ тсодта, æмæ кæсыс, æз тайын æмæ руайын æнæ уæл- дæф рухсау. — Иу хатт Автандил æмæ йæ лæггадгæнæг Шерма- дины истори бакæсгæйæ, æз сæ хæлардзинадыл цинæй æнæбары фæхъæр кодтон: цыт æмæ ном дæ ныффыс- сæгæн! Йе, ахæм æгъдауæй хъуамæ кæсой сæ кæрæдзи- мæ лæггадгæнæг æмæ йæ хицау. — Дæ зæрдæмæ фæцыди? — бафарста мæ сауджын. — Куыд хъуамæ ма фæцыдаид мæ зæрдæмæ уый? — Ды раст дæ, — æнкъардæй дзуапп ратта уый, — хуыздæр у æнæбæззонæй! Цахæмдæр хъуыдыты фæдыл ацæугæйæ, уый аздæх- ти иннæрдæм мæнæй! Иæ цæстæнгас сфардæг кæдæм- дæр уæлæмæ. Дзæвгар ницы сдзырдта, стæй та, цыма йæ нæ фæндыди, афтæмæй ноджы æнкъарддæрæй загъ- та: — Цæй бæрц хуыздæр у, арв дын худы бæсты куы уа, зæхх къогъодзиты бæсты. Æз уæд нæ багдбæрстон, цы зæгъын æй фæндыди, уый. Æвиппайды мæм лыстæг æрбакасти, чысыл ахъуы- ды кодта æмæ мæ афарста: — Зæгъ ма мын чи хуыздæр у: ахуыр уари, ахстæй кæй схъомыл кодтой, уый, æзи сæрибар, адæймаджы къухтæ ныдзæвгæ дæр кæуыл нæ акодтой, уыцы уари? — Кæй зæгъын æй хъæуы, адæймаджы арм цы уа- рийыл нæ аныдзæвди, уый. — Цæмæн? Фыццаг уари цыт æмæ парахат царды куы схъомыл ис? — Цæй цыт ис уымæй? Куы йын йæ базыр бабæт- 240
тынд» цæмæй ма атæха, куы йæ дымæг, — цæмæй йæ яснэехъуаджы ма айтынг кæна, йæ цæстытæ йын æнæ- мæнгæй уæддæр бабæтдзысты, цæмæй мацы фена. — Сегасæн дæр афтæ? — Кæй зæгъынæй хъæуы, зæгъынц, кæннод, дам, уарийы нæ. сахуырчындæуыдзæн цуан кæнын. Йæ дзæм- быйыл ма йын бæттæн дзæнгæрджытимæ бакæнынц, тæхынвæнд куы скæна, уæд æй нæ ауадздзысты. — Бæттæн цæй тыххæй у, уый зонын, а-дзæнгæр- джытæ та ма цæмæн сты? — Æвæццæгæн, цæмæй хъæлдзæгдæр уа, хæрдмæ стæхдзæн, дзæнгæрджытæ дæр банæрдзысты. — Æвæццæгæн, фæлæ, уæддæр, æз æнхъæл дæн, æмæ йæ базыртæ куы айтындзы, уæд уыдон сыф-сыфæй фылдæр ныфсджын æмæ хъæлдзæгдæр кæны. — Уый та цы дзырддаг у! Кæй зæгъын æй хъæуы, уый йын æхсызгондæр у! — Æз дæр афтæ æнхъæл дæн, мæхи Габриел, стæй ма зæгъ, цæмæн хъæуы уæддæр уари? — Бæрæг у цæмæн! Фæрсыс мæ, цыма йæ нæ зо- ныс. Уарийæн ахсын кæнынц уæрццытæ æмæ цуангæн- джытæ уымæ кæсынæй сæхи ифхæрсынц. — Æмæ стæй? — Цы стæй? Уæрццыты нывæрынц сæ дзæкъулты æмæ афардæг вæййынц сæ хæдзæрттæм. — Æмæ дзы уарийы та цы фæуы? — Уарийæн цы раттынц, адæймагæн чи ницæмæн бæззы, уыдæттæ. — Мæгуырсар! Мæнгæй нæ акæнынц, сæгъы хицауы сæгъы къæдзил дæр нал фæвæййы. Уари разы у ууыл? — Не ’нхъæл дæн. Уыимæ цуанонтæ уарийæн йæ фаг дæр никуы раттынц. Куы бафсæда, уæд маргъ нал тон- дзæн, куыд æмбæлы, афтæ. Иуæй-иутæ та йæ бирæ æх- хормагæй фæдарынц. — Æмæ афтæ цæры уари йæ цæргæбонты, цалынмæ нæ амæлы? — Нæ! Кæд æмæ уари уацарад бауромын бафæра- зы æмæ фæцæры фæззæгмæ, уæд æй ауадзынц. — Кæсыс, алцæмæн дæр йæхи рæстæг куыд ис! — Уæдæ куыд! Цалынмæ уæрццытæ вæййынц, уæд- мæ уарийæн ахсын кæнынц уæрццытæ æмæ уыдон куы нæ уал уой, уæд уарийæн дæр æрцæуы йæ уадзæн. — Цалынмæ уæдæ уæрццытæ ис, уæдмæ уари уа- Цары вæййы цуанонмæ? 16. И. Чъавчъавадзе 241
— Уæдæ, — загътон æмæ бахудтæн, — уæдмæ, ца~ лынмæ уæрццытæ нæ атæхой хъарм бæстæм. — Афтæ æнхъæл дæн, æмæ уæрццытæн æмбæхсæн куы нæ уал вæййы быдырты, нартхæрттæ куы æрто- ныиц, мæнæу æмæ еу куы ’ркæрдынц, иудзырдæй, се- гас дæр куы срæгъæд вæййынц, адæймаджы къухтæй тыд чи ’рцыд, æмæ сæ бафснайынц, уæд атæхынц уы- дон дæр. — Уо, сæ кæрон уæд у уæрццытæн, цуанон дæр уа- рийы ссæрибар кæиы уæд. — Арфæгонд у, тæхудиаг, фæззыгон рæстæг. Тых æмæ ныфсхаст фæндондзинæдтæй хайджынгондтæ, се- дыппæт дæр куыстой, байтыдтой, æмæ ныр мæнæ срæ- гъæд, цы байтыдтой, уый, æмæ йæ адæм кæрдынц. Хæ- дзар йедзаг хуыцауы хæрзиуджытæй. Æгæрстæмæй ма чындзæхсæвтæ дæр аразынц уыцы рæстæджы, алы удгоймаг дæр скæны уæд йæ хæдзар æмæ хъæрццыгъа дæр афтæ, хъæрццыгъа! Диссаджы афон. Алцыппæт дæр фаг: хойраг, сæн, циндзинад, уыцы рæстæджы сты- рæй-чысылæй ’фсæст сты циндзинадæй. Диссаджы рæ- стæг! Цалдæр мæйы фæстæ та ’рцæудзæн уалдзæг, уыйг иттæг хорз, хъæлдзæг, хъарм уалдзæг! О, хуыцау! Æрæввахс кæны хуымгæрдæн, баххуыс кæн алы хъиа- мæтгæнæгæн дæр, цæмæй йæ æркæрда сыгъдæг зæрдæ- йæ. VII Иттæг адаргъ ис мæ ныхас сауджыны тыххæй. Æл- дар, афтæ ма банхъæл, æмæ мæ дзурын фæнды. Ууыл баст сты мæ царды хæрз чысыл рухс бонтæ. Хорз у æви æвзæр, уæддæр цæй фæрцы ракастæн мæ цæсты- тæй, мæ зонд æмæ мæ зæрдæ уый фæрцы байдыдтой æнкъарын. Мæ царды тар фæндагыл иунæг стъалы уый уыди, — йе, уый мын схай кодта мæ сайæгой хъысмæт. Ацы фæлывд дуне мæ азымы æыдæр ницæмæй уал ба- дардзæн. Уый тыххæй уарзын æз уыцы сауджыны кой кæнын. Уый æрымысгæйæ та сног вæййы мæ зæрдæ. Ногæй афтæ фенхъæлын, цыма ацы дунеимæ ма ис чердыгондæрау бафидауæн, æмæ мæн ууыл цы ’ндæх- тæ бæттынц’, уыдон нырма нæ аскъуыдысты. Бирæ фæ- дзырдтон ацы адæймаджы тыххæй, фæлæ дын сæ сæ- 242
дæймаг хай дæр, нæ загътон. Иæ зæрдæ æмæ йæ царды цаутæ денджызау сты. Æз та, æнамонд, уый уидыгæй сисынмæ хъавыдтæн! Афтæ æнхъæл дæн æмæ дæ сфæл- мæцын кодтон, фæлæ мæм ма фæхъыг у, бахатыр мын кæн. Фондз азы рацыд горæтмæ ме ’рцыдыл, æхсæзæм азы рыхъуыст зæронд æлдары мард. Датикъойыл цыди уæд æнудæс-ссæдз азы. Фыццаг йæ фыдыл иттæг хъын- цъым кодта, æгæр стæмæй кæугæ дæр кодта. Уый мæ- нау сидзæр баззад, æмæ мæнау тагъд ферох кодта йæ фыдохдзинад. Бирæ нæ ахъуыды кæнгæйæ, дзырд рат- та, цæмæй йын хæдзарæй рырвыстаиккой бæхтæ æмæ сфæнд кодта бынтондæр хъæумæ фæцæуын. Цалынмæ бæхтæ хæццæ кодтой, уæдмæ акалдта уырыссаг дзау- матæ, скодта гуырдзиаг дарæс æмæ бынтондæр уыдон мидæг фендæр ис æвиппайды. Иттæг рæсугъд, æвзонг æмæ хæрзконд адæйхмаг уыдис уый. Фондз-æхсæз боны дæр иæма рацыдис, афтæ бæх- тæ ныххæццæ сты. Уый фæстæ бон хъуамæ рараст уы- даиккам горæтæй. Æз цыдтæн сауджыны фенынмæ. — Æгас цу, Габриел! — салам мын ратта сауджын, куыддæриддæр базыхъыр кодтон йæ чысыл хатæкы дуар, æмæ бахызтæн мидæмæ, афтæ. — Ногæй дæм цы ис, мæхи Габриел? — Нæ зæронд æлдар уын уæ низтæ фæхаста, — фе- хъусын ын кодтон æз. — Датикъо бæхтæм фервыста æмæ сом нæхимæ цæуын фæнд кæнæм. — Уый та куыд? Уæдæ Датикъо йæ ахуыр уадзы? — Уадзы йæ. Уыцы хабар сауджынæн иттæг хъыг уыдис, сыста- дис тæрхæгæй æмæ дыууæрдæм рацу-бацуйыл схæцы- дис хатæны. Чысыл фæстæдæр мын загъта: — Дойныйæ мæлæг дон акалдзæни, миййаг, кæд æмæ æдылы уа, уый еттæмæ, мæхи Габриел? Куыд дис- саг у, уыимæ базонгæ мæнæн кæй нæ бантыст, уый. Ныр цымæ хæдзары уа? — О, хæдзары ис. — Цырд æрбаппæрста йæ уæхсджытыл пæлæз æмæ араст Датикъомæ. Æз дæр араст дæн йæ фæдыл. Да- тикъомæ бацыди иунæгæй, мæн йæ фæдыл нæ бахуыд- та. Сауджын Датикъомæ дзæвгар рæстæджы дæргъы фæци. Куыддæриддæр рахызти уымæй, афтæ йæ фæу- рæдтон. 243
— Ницы мæ бон баци, — æнкъардæй бакодта сау- джын мæнæн. > — Хивæнд адæймаг у, æвæццæгæн, — йæ дзырд кæ- ны, хуыцау ын цæрæнбонтæ æмæ хæрзиуæг аразыны тыххæй тых раттæд! — Райсомы, нæ арасты агъоммæ, нæ дзаумæттæ æфс- найд куы фесты æмæ бæхтæ куы сифтыгътой, уæд баз- гъордтон сауджынмæ. — Уæдæ цæуыс, Габриел? — æнкъардæй мын загъта сауджын. — Цæуын, цы саразон, уæдæ, — афарстон æй афтæ, æмæ мын куы загътаид «ма ацу», уæд æз, æвæццæгæн, баззадаин. — Цæуын хъæуы! Æбарджын адæймаг дæ, æидæр дын ницы фæрæз ис. — Æз ницы уал сдзырдтон. Арфæ мын ракодта, дзуæрттæ мыл бафтыдта æмæ загъта: — Хæрзбон, мæхи Габриел, у кæддæриддæр рæстуд, рæстдзинады фæндагыл цу кæддæриддæр. Уæд æцæг адæймагæн уыдзæн дæ фæндаг. Дæ зæрдыл дар: хорз хæрзиуæгтæ скæнынмæ чи нæ тырны, уый у йæхи знаг. Хæрзбон. Фыд йæ хъæбулы куыд ахъæбыс кæна, афтæ мыл атыхсти уый, кæрæдзийæ^ апъатæ кодтам æмæ ахицæн стæм. Ох, æлдар, зын у цардимæ тох кæнын. Дыууæ бонмæ бацæйхæццæ кодтам нæ хъæумæ. Хур бынтон нæма аныгуылди, артау пиллон калдта хохы тигъæй. Иттæг цин нæ кодтон æз хъæумæ æрыздæхыныл: мæ- нæн ницы уал баззадис уым. Фæлæ мыл мæ Райгуы- рæн бæстæйы дымгæ куы сымбæлди, уæд мæ зæрдæ скафыди. Æз федтон ацы хъæд, ацы хæхтæ æмæ астымтæ, ацы угæрдæнтæ æмæ быдыртæ æмæ мæ зæрдæ бай- дзаг циндзинадæй. Мæ зæрдæйы цы ныххаудта уыцы уысм, уый нæ циндзинады хуызæн уыдис, æмæ нæдæр .хъыгдзинады. Цыма цахæмдæр «Хурджын аууон» ных- хаудта мæ зæрдæйы, цыма хъыгдзинад циндзинады тай- гæ кодта, циндзинад та хъыгдзинады тади, афтæ. Ад- джын æмæ сабыр гуыпп-гуыпп кодта мæ зæрдæ. Æз хъусыныл фæдæн, бынтондæр мæ алфæмблайы ног ха- бæрттæгæнæг уыдис æдыппæт æрдз цæйдæр рæсугъд- дзинадыл, фæлæ раджы чи ферох, ахæмыл. Уыцы рæ- стæджы исчи куы сныхас кодтаид мемæ, уæд мын уый дæр иттæг хъыг уыдаид. Уыцы бæстæйы æз æцæгæлон уыдтæн, æнæхæстæг æмæ æнæхæдзар, ницы хорздзинад 244
баззад мæ зæрдыл уыцы бæстæйæ, фæлæ уæддæр куыд зыны, афтæмæй, фыдæлты зæхх адæймагæн егъау хъуыддаг у! Чи нииуы фæиппæрд йæ бæстæй, уый уы- цы æнкъарæнтæ нæ хатдзæни. Мах дзыллæимæ цы хид иу кæны, уый хæлд куы у, абон уа, йе сом, куы амæл- дзынæн, фæлæ уæддæр банымаин æз стыр хæрзиуæгыл хиæ ма мæ мæлæт мæ райгуырæн зæххы сыджытыл куы æрцæуид. О, туг мыл ныууара, кæцæй кæдæм-ра- хаудтæн, мæ мæлæт кæм цæудзæн! Куы ’рбацыдыстæм, уымæн йæ дыккаг бон Датикъо мæнмæ фæсидт æмæ мын загъта: — Мæхи Габриел, ду- нейыл мæнмæ дæуæй æввахсдæр ничи ис. Ацы хæдзар, кæрт, дзугтæ, æмæ æдыппæт мæ мулк кæнын дæ фæ- дзæхст. Æххуыс мын кæн æмæ дæхæдæг дæр цæр. Стæй мын хорз ног дзаумæттæ балæвар кодта. Уы- цы дзаумæтты мæ ничи равзæрстаид æлдары фыртæй. Æз мулк райстон мæхимæ, фидар райстон рохтæ ме- ’рттæм æмæ афтæ æрывæрдтон æгъдау, æмæ иунæг æр- дуйы бæрц дæр уæгъды нæ сæфти. Æцæг у, афтæ зæр- дийæ кæй уыдтæн не ’лдарыл, уый тыххæй мæ бирæтæ нæ уарзтой, лæггадгæнджытæй та мæм бирæтæ хастой фыд-зæрдæ. Фæлæ хуыцау ме ’вдисæн, æз никæй хъыг дардтон, æнæрæстмæ митæ нæ кодтон. Дыууæазон хъуыддаг афтæ æрывæрдтон йæ къахыл, æмæ нæ зылды Датикъойæ хъæзныгдæр æлдар иæ уы- дис, фæлæ басæттыы хъæуы, Датикъо дæр мæ хæсджын кæй нæ баззадис, ууыл. Уый æнхъæлдта, зæгъгæ, уыцы фæллæйттæ мæ фæр- цы сты æмæ мæм дардта хæлар æмæ æмбалы зæрдæ. Иттæг хорз æвзонг адæймаг уыдис алцы æгъдауæй дæр: кадджын, нæртон, цырд, рог æмæ уæздан. Бирæ- тæ уыимæ нæ баерыс кодтаиккой æхсынæй æмæ кард- арæхстæй. Йæ хъазахаг бæхыл-иу куы багæпп кодта, сæрыстырæй-иу йæ сæр куы нысхъæл кодта, уæд-иу æм цæст кæсынæй не ’фсæсти. Цæуылфæнды-иу сфæлзæрд- та, бантыст-иу ын. Фæлæ йæм иу æнамонд, мæгуырау ха- бар уыдис, æниу уыцы ахаст уымæн уый бæрц нæ ба- зиан кодта, цас базиан кодта мæнæн. Æбуалгъы æф- тыд уыдис сылгоймæгты фæдыл: ахæм рæстæджы-иу ферох кодта йæ цæсгом æмæ йæ кад дæр. Йæ зæрдæ-иу искæцы сылгоймагмæ куы хъазыдис, уæд æй ницы уал урæдта, йæ фæндоны сæххæсты сæраппондæн никæуыл ауæрста: алкæуыл дæр хицау лæгæрста мæнгардæй. Мурдæр никæй ницæмæ дардта æмæ-иу уыцы æдзæс-» 245
гом æмæ æнфсæрмдзинады фæрцы йæ фæндон æххæст кодта. Æнхъæл дæн æмæ йæ фæндоп сæххæсты сæрап- понд нæ бацауæрстаид йæхи хлстæгыл дæр, — уый бæрц уæгъдибармæ ахæццæ ис. Хъуыдис æрмæстдæр рæсугъд чызгыл йæ цæст æрныдзæвын, æмæ-иу æй уæд йæ цæргæцæрæмбонтæ дæр ферох сты. Бирæ хъæууон чызджыты фæхудинаг кодта, фæлæ уæздæттæй дæр цъус хæсджын нæ уыдис уыцы худинаджы хъуыдда- джы, æниу та, хуыцау ын уый бæрц хорздзинæдтæ рад- тæд, цас хорздзинæдтæ уыдис уымæ. Уый, афтæ тынг æй куы нæ уарзтаии, уæд уыцы æв- зонг, арæхстджын æмæ кондджыны ныммардтаин йæ цъаммардзинады тыххæй, йæ райгуырæн бæстыл кæй хæлиу кодта! Чи зоны, мæ хъысмæт бынтон фендæр уыдаид уæд. Фæлæ цы гæнæн уыдис? Уыцы уæздан æв- зонг лæппуйы тынг бирæ уарзтон! Уæздан уыд алцы æгъдауæй дæр, æрмæст хæтыидзинады йеттæмæ. Мæ бон ын нæ уыди снывонд æй кодтаин, кæннод та йæ хъуа- мæ амардтаин мæхи къухæй уыцы цауты агъоммæ. Фæ- худинаг нын кодта нæ бæстæ, æмæ абоны онг дæр дис кæнын, куыд ничи фæзынди иу ахæм исчи, уыцы цъам- мардзинады тыххæй йæ чи амардтаид. Зæххы æмлæгъз чи скодтаид уыцы æнаккаг æмæ чъизи адæймаджы! «Æмæ ды та цы арæзтай?» — ахъуыды кæндзыстут сы- мах, æвæццæгæн. Цы арæзтон? Раст бакæндзыстут, аф- тæ мæ куы бафæрсат æмæ мæ куы зылын кæнат. Æз æфсæрмы кодтон, уымæ мæ уарзондзинад æмæ джи- тæнтæдзинад мæн бастой уæдмæ, цалынмæ иу хатт нæ фæхæрхæмбæлд стæм. Уый фæсфæд нæ алæууыдис æмæ мын нæ ратта фæндаг. Нæ алæууыдтæн фæсфæд æз дæр. Нæ хъæугæрон царди иу хъæзныг хъæууон — не ’лдары цагъар Пепиа. Уый уыди номдзыд, зæрдæхæ- лар, ас лæг, стыр цыт ын уыдис хъæуы мидæг. Ме ’намондæн, дæ рынтæ бахæрон, уымæн уыдис чызг, диссаджы рæсугъд, хæрзконд æмæ сæгуытау рог, хъæнынхъом дæр ыл нæ уыди Пепиа. Пепиа æрæджы баззадис идæдз æмæ йæм уымæй æввахсдæр иунæг уд- гоймаг дæр • ничи уыди. Бирæ хъæзныг хъæууонтæ Куырдтой уыцы чызджы, фæлæ йæ йæ фыд никæмæн лæвæрдта, цыма йын иттæг зын уыдис йæ иунæг цыку- |)айы фæрдыгæй ахицæн. Чызг афтæ дзæбæх уыдис, дæ рынтæ бахæрон, æмæ дзы дæ цæст ницæй тыххæй си- стаис. Урс, сырхуадул, сауæрфыг, сауцæст, бæрзонд 246
æмæ кондджын. Уæздæтты чызджытæ йæм цъустæ нæ тæхуды кодтой йæ диссаджы схъæл, сæгуытау æртти- ваг дæллагхъуыртæм, йæ сатæг-сау цæстыты рæсугъд- дзинадмæ, сатæг-сау дзыккутæму хъазау йæ диссаджы тасаг-нарæг астæумæ. Ие ’намондæн, тынг рæсугъд æмæ дзæбæх уыди. Æвæццæгæн, ме ’намондæн схæцыд мæ цæст Пепиа- йы чызгыл, йæ фендæй ссыгътæн уарзондзинады цæ- хæрæй, цыбæл æмæ уарзондзинады зынгæй ссыгътæн, топпыхос зынджы стъæлфæнæй куыд сгуыпп кæна, аф- тæ. Дардыл æй цы дзурон, чызджы зæрдæмæ æз дæр фæцыдтæн. Ныр та ма цæмæн бæззын, дæ рынтæ ба- хæрон? Фæлæ мæм уæд уыдис лæгдзинад, фердæхт. Цы- дис мыл ссæдз азы æмæ адæймаг уыдтæн. Æппæлыны тыххæй йæ нæ зæгъын: ме ’мгæртты ’хсæн фæстийæ ни- цæмæй задтæн, нæдæр фыдуынддæр искæмæй уыдтæн... Иухатт чызг уыдис мусы, лæууыдис чъеурийыл, йæ цурту рацыдтæн æмæ мæм йæ мидбылты бахудти. Ху- ры тынтæй бæласы къуыбыр куыд райхæла, афтæ мæ зæрдæ райхæлд, дидинæг рафтыдта. Хур мыл скасти, дуне барухс! Мæ иунæг сидзæр зæрдæ къултыл йæхи бахоста, афтæ æмæ уый бæрц ныззæронд дæн, фæлæ нырма уæды хуызæн никуы фæци мæ зæрдæ. Охх-хай, гъе, æлхынцъæрфыг цард, тагъд уайаг, ды мын бай- •стай уый дæр! Æмбисбои уыдис, æрбацæйздæхтæн сæндонæй. Фæ- зилæнмæ куы æрбахæццæ дæн, уæд æз ауыдтон иннæ кæрон, æмбæндты ’хсæн мæ хуры хайы. Хаста йæ фы- дæн мусмæ сихор. Мæ зæрдæ иуцъус дуджы фæгуып- пæг, мæ сæр разылд, цæстытæ атарытæ сты, хохыйас лæг уæвгæйæ, бадзой-дзой кодтон æмæ æмбондыл ба- хаудтæн. Афтæ тагъд фæмард уæд де ’знаг, куыд тагъд фестадтæн, мæ тыхтæ фембырд кæнгæйæ! Уый уыдаид иу уысмы бæрц æрмæст. Уый дæр ма ауыдта, фестъæл- фыди, сычъи цуапонæй куыд фестъæлфа, афтæ, æмæ цæхгæр здæхт фæкодта фæстæмæ. Бирæ нæ ахъуыды кодтон, ауадтæн йæ фæстæ. Уый дæр цыди цырд, æнæ укæрæй, цыма йæ йе знаг фæцæйсырдта, уыйау. Бай- йæфтон æй æнгузы бын нæууыл æмæ фæхъæр кодтон: — Чызгай! Цæмæн афтæ цырд згъорыс? Бирæгъ куы нæ дæн, адæймаг куы дæн! Уый мын дзуапп нæ ратта, зилгæ дæр мæм нæ фæ- кодта фæстæмæ, æз дæр сæрыстыр лæппу уыдтæн, хи- 247
уарзон æмæ мæ цæстытæ туджы азылдысты. Атæррæ- стытæ кодтон æмæ йæ хæдраз фæлæууыдтæн дыууæ гæппæн. — Ма мæ лидз, дæ фæхъау фæуон, — загътон ын æмæ йын йæ разы мæ сæр æргуыбыр кодтон, — мæ цард дæдтын де ’рттæм æмæ дæ цы фæнды, уый йыи бакæн! Уый мæм, йе ’рфгуытæ фелхынцъгæнгæйæ, скасти ахæм мæсты æмæ карзæй, æмæ æз нал баурæдтон уы- цы цæстæнгас, азылдтон мæ цæстытæ æндæр ’рдæм, срызтæи, афтæмæй... Æз срызтæн!.. Æз, бæгъатыр лæг, фæтарстæн æдых æмæ æнæбон чызджы раз. Цахæм би- рæ фарны тых ис æнæбон адæймагмæ дæр, тых цух чи у, ахæммæ дæр? — Ауадз мæ! — загъта чызг сæрыстырæй æмæ бар- дзырд дæдтæгау. — Фыд мын ис æмæ намыс дæр. — Хуыцауы фæдзæхст дын уæнт уыдон, — загътон ын сыгъдæгзæрдæйæ, — фæлæ мæ зæрдæйы ныфс фесæф- ти. Æз дæумæ фыдми æмæ æдылыдзинады тыххæй æп- пындæр не ’рбацыдтæн. Мæ зæрдæ æмæ мæ фæндон афтæ сыгъдæг сты æмæ ссудздзысты зæды нывы размæ цырагъау. Фæлæ мæ иу ныхас зæгъын фæнды: мæ си- дзæр иунæг зæрдæ дын байтындздзынæн дæ къæхты бын, дæ фæндагыл, уый дæ нæ фæнды? Уæд дыи хуы- цау раттæд бирæ хорздзинæдтæ æмæ мæ уды хай фæ- уæд дæ фыдбылызтæ. Ды зæгъыс, ауадз мæ? Æз дын дæттын фæндаг, рæствæидаг фæу! Хуыцау дын раттæт хъæлдзæг цæрæнбонтæ, мæнæн та — маст æмæ тухийы цард. Афтæ йын загътон æмæ иуырдæм алæууыдтæн. Уый йæ мидбынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодта æмæ та мæм скасти. Йæ цæстыты рæсугъд цады масты тымыгътæй ницыуал уыдис. Мæ зæрдæ фæрухс. Мæ хъысмæт мæм йе ’ргом раздæхта, ныфс æм& бæгъатырдзинад та фев- зæрди мæ уæнгты æмæ йыи загътон: — Чызгай, цæмæн дæ фæнды мæ цард байхалын? Цæмæй тæрсыс æмæ ризыс кæрзы сыфтæрау? Уæд арв. фыдæхæй æркæлæд мæ сæрыл, зæхх аскъуыйæд мæ къæхты бын, кæд æмæ Габриелмæ ис дæу тыххæй исты чъизи хъуыды! — Ныууадз мæ! — загъта чызг ахæм æгъдауæй æмæ йæ ныууадзой, уый кæй фæфæнды, уый ахастæй дзы мурдæр ницы уыдис. — Нæ дæ ныууадздзынæн, цалынмæ дæр базонай, мæ зæрдæ дæуыл куыд риссы, уый! Æдылы бæлонау 248
ма тæрс! Мæ зæрдæйы ныххауд дæ уарзондзинад. У мæ къай, уыдзынæн æз дæ лæг, мæ цыкурайы фæрдыг. /Ермæст мын дзуапп ратт! Бастъæлæд Габриелы сæр, кæд Дæ Уы& истæмæй фæхъыг кæна!.. Уый ныхъхъус, мæнæн дæр мæ бон ьæ уыди мæ ны- хас фæлыг кодтаин. — Æз амæлон, Тамро, — загътон та æз, — мæ уд амæлæд, æз ма æндæр искæй кой куы скæнон уый сæ- раппонд, дæуæй дарддæр. Исты зæгъ, дæ фæхъау фæ- уоп! Мæнæ уый дæн, дæ разы цы уыныс, сидзæрæй. Афтæ ма бакæн, цæмæй мæ гуырæн бон æлгъыстаг фæ- уа мæнæй, айс мын мæ цæрæнбонтæ дæхимæ. У мæ- царды рухс, æз та дæ мой. Исты мын зæгъ, дæ рынтæ бахæрон, кæннод дæ разы мæ зæрдæ атъæпп уыдзæни æнхъæлмæ кæсынæй. Уый ницы дзырдта. — Тамро, æрбакæс ма мæм, мæнæ куыд ныххус дæн дæуыл фембæлдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ! Дæ диссаджы хъæлæс мын фехъусын кæн! Хъусын дæм, æнхъæлмæ дæм кæсын, мæ зæрдæ æмæ мæ улæфт ныууромгæйа. Дзуапп мын ратт! Зæгъ, хъæуын дæ æз? Кæд æмæ нæ, уæд ма фефсæрмы у, зæгъ мын æй комкоммæ. Ма мын> фæтæригъæд кæн. Æз сидзæр дæн, фæлæ дæ дзыхæй æз хуыцауы фыдæх дæр бауромдзынæн. Ма мæ бауадз уæлхъæдæй хус кæнын, зæгъ мын, зæгъ. Афтæмæй йын йæ къухмæ февнæлдтон, куыддæрид- дæр йæ къухыл аныдзæвд мæ къух, афтæ арвы æрт- тывдау ме ’уæнгтæ æмдыз-дыз иыккодтой, мæ сæры магъзæй ахæццæ зæрдæмæ. Фæлæ йæ йæ къух атонын нæ бафæндыди ме ’рттæй. Уый мæсты нæ, фæлæ ма йæ- мидбылты дæр бахудти. Йæ диссаджы урс кондджын дæндæгтæ сырх былты ’хсæнæй ферттывтой арвы ро- нау. Мæ зæрдæ циндзинадæй байдзаг. О, мæгуыр мæ сæр, цæй циндзинады бон уыд уыцы бон æмæ цæй фыд- нидæп тæрхон кодта уымæн нæ хъысмæт! — Ауадз мæ! Цы мыл бафтыдтæ? Афтæ хорз нæу,. фæйнæрдыгæй адæм рацу-бацу кæнынц, худинаг у. — Худинаг уымæн у, æмæ йæ зæрдæйы чъизи фæнд- тæ кæмæн ис. Æз дæ нæ ауадздзынæн. Куыд дæ ауа- дзон, уæддæр мæ зæрдæ демæ атæхдзæнис. Дзуапп ратт ды мæ лæхстæйæн, уый фæстæ мæ царды бонтæ дæр’ ды ахæсс. — Цы дын зæгъон? 249?
— Зæгъ мын «о», кæнæ зæгъ «нæ» æмæ мæ маргæ дæр акæн стæй. — Бынтон æнæхъуаджы гуырысхо кæныс. Дæ амæ- лæты фæлтау дын зæгъдзынæн о! Хъæрæй загъта æмæ мæ райгас кодта, раздæхта мæ ингæны дуарæй. Уый загъта, афтæ йæ къух атыдта .æмæ афардæг дымгæйау. Атахти мæ бæлон, ныууагъта Ноейы чыргъæд, фæлæ мын ме ’ртты ныууагъта цъæх сыфтæрджын къабуз. Атахти, æз та нымдзаст дæн, цы æмбонды фæстæ фæаууон ис, уымæ. Хуыцау ын рад- тæд бирæ хæрзиуджытæ! Нæ цыбыр царды мидæг арæх дæр куы уаид ахæм рæстæджытæ æмæ бонтæ, уæд нæ цард дзæнæт фестид. Фæлæ цард цыбыр уымæи хонынц æмæ дзы алцып- лæт дæр цыбыр у. Алцыппæтдæр æрмæст хъизæмар- фыдбоны йеттæмæ. Фыны фенæгау уый фæтары, æмæ мын мæ хъысмæт иунæг хæрзиуæг, иунæг циндзинад дæр иал ратта, цас фæнды йæм куывтаин, уæддæр фæ- тары ис уый æмæ йæ фæстæ мæнæн лæвар цы уыдис, уый та дæхæдæг уыныс. Уыцы циндзинады хуыз ма мæ -зæрдæйы ис арф ран æвæрд, хуыцауы фæрцы схуыпп кодтон æнæмæлæты суадонæй, фæлæ, боныфæстагмæ, уый дон мæнæн марг фестад. Æнæхъуаджы куы нæ загъдæуыди: «Чи баууæнда фæлитой дунейыл, уый йæ цард фæуыдзæн сидзæрæй. Хъæбатыр дæр нæ фервæз- дзæн царды сæйдтытæй». Ох, сфæлмæцын дæ кодтон мæ хъæстытæй, дæ рын- тæ бахæрон, фæлæ цы сараздзынæ! Дæ хъæстытæ ис- кæмæн ракæнгæйæ, зæгъынц, зæгъгæ, фæрогдæр вæй- -йы масты уаргъ. VIII Иухатт Датикъо хуыцаубоны ацыд аргъуанмæ, уый ’фæстæ та кæдæмдæр сихормæ уыдис хуынды. Иу ран •бадын мæм нæ цыди, æмæ сфæнд кодтон Пепиайы дыргъдоны цурты азилын. Кауы зыхъырæй бакæсгæйæ, ауыдтон Тамройы, цъæх нæууыл æнгузы бын хуыссыди уый. Кауы сæрты уыцы иу сæррæтт бакодтон. Уый чы- сыл фестъæлфыд, фæлæ мæн ауынгæйæ басабыр,. сусæ- гæй ^кæрæдзийыл рагæй æмбæлдыстæм, фæлæ иу хатт дæр мæ бон никуы баци, никуы дæр фæнд скодтон уы- ,мæн апъа кæнын. — Ды дæ? — загъта мын, куы йæм бацыдтæн æмæ "250
лгсууыл æз дæр мæхи куы æруагътон уымæ æввахс, уæд. — Æз дæн, дæ фæхъау фæуон, цæмæн афтæ æн- къард дæ, мæ хуры хай, — бафарстон æй, йæ мастдзи- над ын рахатгæйæ. — Абон мын хорз бон нæу. — Цæмæннæ? Мæгуыр мын йæ къона æмæ йæ сæр, дæу мын чи фæхъыг дара, уымæн! Ды цæуыл афтæ æн- къард дæ? — Ис цыдæр аххосаг уымæн. — Уæддæр? — Мæ фыд абон аргъуанæй мæстыйæ æрыздæхти. — Ды уыдтæ аргъуаны абон? Æз фестадтæн æмæ афтæ цæхгæр раттон мæ фарст, æмæ Тамро фæджихау. — Уыдтæн, — дзуапп ратта. — Цæуыл афтæ фæмæ- сты дæ? — Не \лдар уым уыдис? — О, уым уыдис, лæууыди бахизæны, йæ фæрсты куы рацæйхызтæн, уæд. — Ды йæ цурты рацыдтæ?!. Мз ’фсæртæ ыылгъивгæйæ ма загътон дзырдтæ иваз- гæйæ. Æз йæ разы слæууыдтæн дурдзавдау, мæрдвæ- лурсæй, цыма нæмыгæй мæлæтдзаг цæф фæдæн. Йæ сау цæстыты арф бынтæм ын дзæвгар-дзæвгар фæка- стæн. Уый та мæм джихæй касти. Æз ын иунæг ныхас дæр нал загътон. Цыма мæсты рæхысты бын фæдæн. Зæрдæрисгæйæ, кауы сæрты рагæпп кодтон æмæ ацыд- тæн хæдзармæ, цæмæй исты базыдтаин, уый тыххæй. Æз уадидæгæн бамбæрстон, Пепиа цæуыл мæсты уыди, цæмæй тарсти, уый. Куыд уыд, афтæмæй Дати- къо уыцы хуыцаубоны, Тамройы фенгæйæ, аргъуаны бафарста Пепиайы: — Кæй чызг у уый? — Пепиа ризгæ хъæлæсæй загъта, уый мæ чызг кæй у, уый. — Цæй адджын уаид уымæн апъа кæнын. Мæгуыр, намонд Пепиа адурдзавд æмæ асур, куы бамбæрста, æлдары зæрдæмæ йæ чызг фæцыдис, уæд. Уый иттæг хорз зыд’та, цы нысан кодта æлдары зæрдæ- мæ чызг фæцæуын æмæ дзы цы рауадаид, уый дæр. Уыдæттæ базонгæйæ, æз ард бахордтон, зæгъгæ, мæ- лæт хуыздæр мæнæн, цæйнæфæлтау мын æй исчи фæ- худинаг кæна. 251
Чи зоны æмæ мыл нæ баууæндай, фæлæ, мæ уд дзæ- нæт ма ссарæд, кæд уыцы хуыцауæхсæв фыны мæнмаг не ’рбацыд сауджын. Цыма æнкъардæй мæ разы лæу- уыдис æмæ йæ цæмæйфæнды бафарстаин, уæддæр мьш дзырдта иугъуызон дзуапп: «Адæймаг йæ хæлары тых- хæй йæхи хъуамæ ма бахиза хъыгагæй! Йæ зæрдæ рат- та йæ хæларæн. Иæ уарзондзинад та — хид æмæ фæн- дагæн». Стæй йын цыма, йæ уæрджытыл ныттыхстæн æмæ байдыдтон, æрдиаг кæнгæйæ, ме ’намонд хъæстытæ кæ- нын: «Бацамон мын цы ми бакæнон, цы саразон?» Ни- цы дзуапп мын ратта уый. Куы фæцæйцыдис, уæд ма« мæм фæкасти æмæ загъта: «Цы раттай, уый дæхи у, цы нæ раттай, уый та дын сæфт у». Дæ бон у, ма уæ бауырна, фæлæ мæн фæнды, цæмæй дæ бауырна, уы- мæн æмæ уыдон иууылдæр æцæг сты. Гæды дзырд нæ- зæгъдзынæн. Сбон ис. Хуыздæр уыдаид йæ рухсы тынтæ мыл куы нæ айтыдтаид, уæд! Цы саразон, ууыл уыдтæн иттæг тыхст æмæ фæлмæцыдау мæ риу мæтæй байдзаг. Цы базыдтон, уый тыххæй никæмæн ницы загътон. Æз мæ* хъысмæты раз нынныгъуылдтæн, фæлæ кастæн уæддæр йæ цæстытæм комкоммæ. «Мæ хъус дардзынæн* — загъ- тон мæхицæн. — Чизоны куыд нæры, афтæ нæ уара. Стæм хатт мын-иу мæ риу балхъывта карз масты рисс, Цы хъуамæ уа, Тамройыл... фæлæ нæй, уыцы хъуыды- ты-иу уадидæгæн фæсырдтон фæстæмæ... Ие, афтæ уыдис мæ уавæр, кæд æбуалгъы хъуыд- дæгтæй никуыцæй ницы ма хъуысти, уæддæр. Иу хатт, иннæ лæггадгæнджытимæ бадгæйæ, не ’лда- ры унæр фехъуыстон: уый фæсидти Гитъомæ. Баталынг ис, хуыссын афон уыдис. Гитъо Датикъойы æууæнк- джын лæг уыдис, йæ цъаммар хъуыддæгты йæ хуыз- дæр æххуысгæнæг. Гитъо йæм бацыдис, æз сæ фæдыл бахъуызыдтæн, Датикъойы хатæныл цы хатæн уыдис ныхæст, уымæ талынджы. Датикъомæ сыгъдис цырагъ, æнæулæфгæйæ мæ хъус баныхæстон зыхъхъырыл, цыма мæ уырдæм зæгæлæй бахуыдæуыди. Гитъойы чъылдым ме ’рдæм, афтæмæй лæууыди. Датикъо хатæны дыу- уæрдæм рацу-бацу кодта, стæй, Гитъойы размæ бацæу- гæйæ, æрлæууыди йæ разы æмæ йæ афарста: 1— Пепиайы хæдзар зоныс? — Куы мын зæгъай, уæд æй ссардзынæн, — дзуапп ратта Гитъо. 252
— йæ чызджы йын федтай? — Искуы ма нæ, дæ рынтæ бахæрон! Цæй диссаджы чызг у! Дунетыл уый хуызæн не ссардæуыдзæн. — Кæд афтæ у, уæд зоныс цы саразын хъæуы. — Ды арæхсыс, бантысдзæни дын. — Мæт ма кæн! Хъуыддаг мæ къухмæ куы райсон, уæд дзуаппдæттæг дæн. Уыимæ ма чызг дæр у йæ тæк- кæ æйтт-чындздзоныл. — Кæд хъуыддаг саразай, уыдзæн дын ног куырæт а?мæ цъухъа, кæннод дæ æрцауындздзынæн æмбондыл гæдыйау. — Дæ бон у, зын хъуыддаг нæу уый. Æрмæст хорз цы нæу, чызгæн ис уарзон æмæ сразы уыдзæн? Æмæ, æвæдза, уый ницы кæны: сылгоймагæн — хуызджын дзауматæ æмæ хъуыддаг цæттæ! — Иæ чызджы ном нæма фесæфта нырма? — Нæма, æнæлаз у бæлонау. — Йæ уарзон та чи у? — Нæхи Габро. — Габро? — сабыргай загъта Датикъо æмæ ахъус. — Æз хъусыныл фæдæн, æнхъæл дæн, Датикъо ныр- тæккæ нæ, уæддæр куы ахъуыды кæна, уæд зæгъдзæ- ни: «Уыцы чызгмæ нæ февналдзынæн, æмæ йæ, Гитъо, ма фæхъыг дар». Фæлæ мæ ныфсытæ дзæгъæлы уыды- сты! Адæймаджы уарзондзинадæй Датикъомæ уый бæрц нæ уыдис æмæ чызджы ма фæхъыг дардтаид, уый фæ- зылдис Гитъомæ æмæ йын афтæ сабырæй загъта, цы- ма стыр хæрзиуæджы хъуыддаг арæзта: — Цы мын загътай, уый мын æхсызгон нæу, фæлæ ницы кæны... Куыд дын загътон, афтæ бакæн, Габрои- мæ мах æрфидаудзыстæм... Æз уыдæттæ фехъусгæйæ мæстæй тъæпп фæцæй- хаудтæн, æмæ, маст æмæ фыдгæнджыты уым фæуадз- гæйæ, уадидæгæн рацыдтæн. Нæ зонын, цæуыл ма дзырдтой, фæлæ уыцы уысмыл æз æмæ Датикъойы ’хсæн цы хид уыдис, уый кæй нык- калдис, уый хорзæй зонын, æмæ ма цыдæр аскъуыди мæ зæрдæйы дæр. «Бафидаудзыстæм», дам. Æнамонд Габриел, рæстмæ дæ куы нæ зыдта уый! Фæстиатгæнæн нал уыдис, æвæстиатæй мæ исты æр- хъуыды кæнын хъуыди, цæмæй æнамонд чызг ма баха- уа къæпхæны. Æз сфæнд кодтон Пепиамæ бацæуын æмæ йын рахабар кæнын. Уыцы хæдзармæ куы бацыд- тæн, уæд уыдис хъæууон хæдзарæн йæ фæсахсæвæрты. 253
Мæй æрттывта æмæ нæ тæригъæдджын дуне ныррухс йæ тынтæй афтæ, цыма æнæаипп сси æмæ уыцы æнæ- аиппдзинады рухсæй сырттывта, уыйау. Пепиайы фед- тон дæлбазыр. Мæгуырсар, уый лæууыдис йæ зонгуы- тыл. Æз æм бахъуызыдтæн æмæ цæджындзы аууон æрымбæхстæн. Дзæвгар фæгуым-гуым кодта, йæ риу хойгæ, уыцы æнамонд фыд, стæй ныккуыдта æмæ не скæнæгмæ скуывта: — Дæ фæдзæхст фæуæд, хуыцау, мæ Тамро! Мæ- гуырау фæндагыл æй ма сардау, хуыцау, рæстæгты фарс дæ, ма мын фенын кæн мæ чызджы худинаг æмæ мæлæт... Зæронд сыстади, уыцы æнамонд йæ цæссыгтæ асæрф- та, æмæ та йæ риу ныццæфтæ кодта æмæ бараст къæ- сæрмæ. Уæд æм фæхъæр кодтон: — Де зæр хорз, Пепиа! — Кæцы дæ, кæ? Цы дæ хъæуы ацы æмбисæхсæв, кæд æмæ фыдбылыз нæ дæ, уæд? — хмæстыйæ радзырд- та Пепиа. — Афтæ æнхъæл ма у, æмæ дæм фыдбылызы тых- хæй æрбацыдтæн! Демæ аныхас мæ фæндыди, — ком- коммæ йын загътон. — Чи дæ, чи? — Дæ хорзмæ бæллæг Габриел... Пепиа аджих ис: чизоны афтæ фенхъæлдта, æмæ мæп пе ’лдар барвыста чызджы тыххæй бадзурыныл. йе уый тыххæй мæ ныхæстæн уымæн афтæ мæсты дзу- апп ратта. — Ницы мæ демæ дзырддаг ис! Хорз хъуыддаджы тыххæй куы рцыдаис, уæд рухсæй не ’мбæхсис. Ахæм рæстæджы къæбыла дæр фынæй фæкæны. Уый зæгъгæйæ, зæронд лæг фæцæйцыдис, фæлæ йын йæ къухыл фæхæцыдтæн. — Æнамонд, нæ мæм хъусыс? Æхсызгон хъуыдда- джы сæраппонд дæм æрбафтЫдтæн, — загътон ыи. — Цы хъуыддаг хъуамæ уа де ’лдары хуызæн æл- дары лæггадгæнæгмæ хорзæй? Æрмæст худинаг æмæ мæлæтæй уæлдай! Цы дæ хъæуы мæнæй, мæ хъæбул? Тæригъæд дæр нæ кæныс æдых, зæронд лæгæн? Хуы- цауы ферох кодтай, цы, миййаг? — Хуыцауы нæ ферох кодтон æмæ хæрзиуæг сара- зын дæр кæй хъæуы, уый дæр хъуыды кæнын. — Хорз, — цæхгæр мын мæ ныхас фæуадзын кодта^ 254
æгъгъæд у. Зонын, дæ зæрдæйы цы хæрзиуæг æмбæхст ис уый дæр. — Атъæпп уæд уыцы зæрдæ, кæд дæ истæмæй афæ- лиза, уæд, — цæхгæр ын загътон йæ ныхас райсгæйæ. — Ныууадз мæ, дæ хорзæхæй! Ахæм маргджын калм цъус миййаг куы нæ федтон — бабыры зæрдæйы хуылф- мæ æмæ дзы стæй ауадзы йæ марг. Ахъуытты у мæ- нæй, ма стæригъæдджын кæн дæхи. Уыныс мæ, æдых дæн. Мæныл фæтых æнцон у, мæ фæсайын та — зын. Уый дæ фæнды куы дын баххуыс кæнин ме сынамонд- гæнæг хъуыддаг скæнынæн? Цæмæн мæ сайыс? Цæ- мæн дæ хъæуы фæлдыст митæ? Дæ ныхмæ цы мæ бон у, тых де ’рдыгæй куы ис, уæд? Æргомæй æрбацу æмæ дæ хъæстæ фат ыыссадз мæ зæрдæйы, — уыцы фæ- лывд митæ ма та цæмæн сты? Цы дæ фæнды, уый ба- кæн, æз мæ зæрдæйы фæндтæ хуыцауы бар бакодтон, ды та йын уый тыххæй дзуапп дæттæг уыдзынæ! Уыцы мæгуыр зæронд йæхи нал баурæдта æмæ нык- куыдта зæрдæбынæй. Тынг хъыг уыдис мæнæн уый, ит- тæг ын фæтæригъæд кодтон. — Æнамонд уд, цавæр уагъд акодтай дæхи, — загъ- тон ын æз зæрдæыкъарæнджынæй. — Æз та дæу тых- хæй мæ сæр нывондæн æрхæссынмæ æрцыдтæн. Фыд- гæнæгыл мæ цæмæн нымайыс! Цæуылнæ мыл æууæн- дыс! Куы никуы дын райстон дæ хъыг! Сар ме ’намонд сæр! Æнæ аххосæй мыл ма хахуыр кæн, æвæццæгæн, ды нæма зоныс Габриелы! Фæнык æмæ æртхутæг фе- стæд мæ мидбынаты мæ сидзæр сæр, кæд мæ зæрдæйы кæрон дæр искуы æрцыдис фæлывд хъуыды. Мæгуыр мæ бон, ме ’взонг зæрдæ мын цæуыл худинаг кæныс! Цæмæй бацыдтæн дæ хъыджы? Баууæнд мыл æмæ йæ уæд базондзынæ, æз цы адæймаг дæн, уый. Ард дын хæрын, куыд дæуæн хуыздæры тыххæй æрцыдтæн æз, кæд дæ уырны, хорз, кæд нæ, уæддæр мæ сæр дæу тых- хæй нывондæн æрхæсдзынæн. У&лдай мын нал у. Мæ ныхæстæ йæм бахъардтой æмæ мæм уæд фæ- фæлмæн йæ зæрдæ. Æмæ куыд? Ныттыхсти мыл, ме уæхскыл æрхаугæйæ, ныккуыдта. — Ныббар мын, дæ хорзæхæй, — тæригъæддаг куыд кодта Пепиа, — хуыцау ме ’вдисæн, мæ хъыджы никуы бацыдтæ, фæлæ цы кæнон? Цы кæна ме ’намонд сæр? Мæ саби, мæ хъæбул сæфы. Мæ туг, ме стæг тæри- гъæдджын адæмтæй кæуыл баууæндон? Ацы хъуыдда- джы не ’ууæндын ме ’фсымæрыл — мæхи мады зæнæ- 255
гыл. Фæлæ æз дæуыл æууæндын, кæд мыл фæлывдæй цæуыс, уæддæр. Ницæмæй дæ тæрсын, куыд дæ фæнды, афтæ бакæн. Кæд дæ фæнды, уæд мæ калмау дæ къæх- ты бын ныууæрд; фæнды дæ, уæд мын ме ’намонд сæр бахиз худинагæй. Куыддæриддæр дын зæгъа дæ хъæ- батыр æвзонг зæрдæ, афтæ бакæн. Дæхæдæг æй уыныс, мæ бон кæй ницы уал у. Ба- тæригъæд мын кæн, ма мын фенын кæн мæ Тамройы худинаг! Фæлтау фыд æмæ йæ сабийы дæхи къухæй аргæвд, худинаджы бын куыннæ фæуой. Удæгасæй мыл ингæнмæ сыджыт ныккал! Цæйнæфæлтау Тамройы фæхудинаггондæй фенон... Уæу, ме ’намонд сæр, мæ хъæбул! Стæй афтæ зæрдæхалæн богъ-богъ ныккодта зæ- ронд лæг, æмæ фæцæйхуыдуг кодта йæ цæссыджы, йæ бон нал баци дзурын, йе ’взаг андзыг, йæ дзырдтæ хъуыры фæцæнд сты. О, хуыцау, суадонау кæлынц де сфæлдыст сыджытыл уыцы цæссыгтæ, фæлæ нырма уæддæр адæймагады мæстад нæ ныхсадтой сыджыты цæсгомæй. Табу дæ бирæ хъæцынхъомдзинадæн. Пепиайы хъынцъымдзинад бахъардта мæнмæ дæр. Худинаг мæм куы нæ кастаид, уæд æз дæр ныккуыдта- ин. Æз йæ разы джих æмæ сагъдау лæууыдтæн, мæ ^бон ыи нал уыди иу рæвдауæн кæнæ ныфсæвæрæн ны- хас зæгъын. Нал мæ зонд арæхсти, нал ме ’взаг. Æмæ йæ разы лæууыдтæн фæсонтгондау, боны фæстагмæ, куы базыдтон, йæ маст æй кæй бырсы, кæй фыддæр кæиы, нæ сабыр кæны, уæд ын загътон: — Басабыр у, ахъуыды ма кæн, нæлгоймаг куы дæ! Тæрсын нæ хъæуы, арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Хуыцау хорз у, алцы дæр бабæстон кæндзæни, сон-ры- нæй нæ бахиздзæн. — О, дæ рынтæ бахæрон Габриел! — дзуапп ратта.— Афтæ, афтæ, мæ хæлар... Араз, цы дæ фæнды, уый, дæ бар у, мæ уарзон хъæбул. Æцæгдæр, табу хуыцауæн, уый хорз у. Фесафын нæ хъæуы фæстаг зонд дæр, ца- лынмæ ницыма æрцыди, уæдмæ. Цы ракодтон уый бæрц æмæ мæм хуыцау йæ чъылдым раздæхта? Афтæ, мæ зынаргъ, мæ цæссыгтæ расæрфдзынæн, басабыр уы- дзынæн, ды та мын æххуыс бакæн, дæ уды сæрыл хаст фæуон! Фыццаг ын цы зæгъон, уый та нæ базыдтон æмæ ни- цы сдзырдтон. Пепиа мын загъта уæддæр: — Зоныс, цы, Габриел, не ’лдармæ бацæуон, йæ 256
æхты раз æрхаудзынæн, ныпъатæ кæндзынæн йæ къæхты фæдтæн, йæ уæрджытыл ын ныттыхсдзынæн, чи зоны мын бантыса йæ зæрдæ фæфæлмæн кæнын. уый дæр адæймаг куы у! Фендзæн мæ, куыд тæригъæд- ^аг æмæ æнамонд дæн, уый, стæй мын фæтæригъæд кæндзæни. — Рæстмæ нæ зоныс не ’лдары! — Уæдæ ма цы бакæнон? — фыдохы хæкъуырцц скодта, æвæццæгæн, йæ фæстаджы ныфс дæр фесæфти. — Се ’гасы тыххæй мыл баууæнд. Æрмæст мын иу хъуыддаджы баххуыс кæн: цырд хъахъхъæн, уæлдай- дæр та хиз дæхи Гитъойæ. Куыдзы зæрдæ ис Гитъо- йæн, хæлуарæгау дæм бахъуыздзæнис æмæ дæ схъæ- стæ кæндзæнис, иннæ хъуыддæгтæ уадз мæ бар. — Афтæ, дæ рынтæ бахæрон, афтæ! Хуыцау дын хорз ракæнæд уый тыххæй. Мах æдзынæг алæууыдыстæм. Пепиа, йæ сæр æр- уадзгæйæ, цæуылдæр ахъуыды кодта. Мæн мæхи зæр- дæриссы мæт уыдис, мæ зæрдæ мын цæхæр сыгъта. Дзæвгар рæстæджы ницы сдзырдтам. Рæстæгæй-рæ- стæгмæ-иу мæм куы уый æрбакасти, куы æз, фæлæ нæ ныхас никæмæй хаудта. Бæрæг уыди цыдæр зæгъын æй кæй фæндыд мæнæн, фæлæ, æвæццæгæн, нæ зыдта цæмæй райдайа, уый. Мæн дæр цыдæр фæндыди зæ- гъын, фæлæ тарстæн, нæ бауæндыдтæн, зæгъын, æвзæр- æрдæм мын æй куы бамбара. Нæ дыууæ Тамройы ба- дзырды тыххæй Пепиа ницы ма зыдта. — Габриел, — боныфæстагмæ загъта Пепиа. — Мæ амонд мыи æрхмæст иунæг чызг бахай кодта, æмæ мын уый йеттæмæ ацы егъау дунейыл никуы ничи ис. Уадз æмæ суæд дæ бинойнаг, ды та йæ мой, æмæ æз та уæ фыд. Цы зæгъдзынæ ды та уый тыххæй? Мæ хъустыл не ’ууæндыдтæн, цы хъуыстон, ууыл, мæ бæллиц афтæ рæхджы æмæ æнцонæй кæй сыххæст ис, мæ зæрдæйы мæт кæй атахти. Ахæм цины цæхæры фæдæн, æмæ ме ’дылы сæры бон дзуапп раттын нал бафæрæзта, æрмæст мæ æнæныкъуылгæ цæстытæй æдзынæг кастæн зæрондмæ. — Цы ныхъус дæ, — мæ дзуапмæ æнæ банхъæлмæ- кæсгæйæ, загъта Пепиа, — нæ дæ фæнды, зæгъ, нæ дæм фæхъыг уыдзынæн, ускурын бархийæ куы у. — Нæ, дам, дæ фæнды. Куыд дæ бон баци афтæ зæ- гъын? Уый мæ цæрæнбонты бæллиц куы у! О, куыд буз- ]*ыг дæн мæ амондæй? Мæ бæллиц дæр æрцыдис! О, 17. И. Чъавчъавадзе 257
æлгъыстаг, зæгъын дæр нæу мæ бон... Комкоммæ зæгъ- дзынæн, мах нæ баиуыл бадзырдтам. Кæд æмæ дæу фæнды, уæд куыдз дæр нал срæйдзæн нæ амондыл. Хуыцау раарфæ кæнæд дæуæн æмæ æгас дунейæн, ацы арвы бын бæллицтæ æрмæст бæллицтæй кæй нæ баз- зайынц, фæлæ кæй сыххæст вæййынц, уый тыххæй. Пепиа куы фехъуыста, мах кæй бадзырдтам Там- роимæ, уый, уæд афæлурс æмæ цахæмдæр тыхстдзинад æмæ мæт февзæрдис йæ цæсгомыл. Уый ницы загъта, фæлæ мæхæдæг фæфнппайдтон уыцы лæджы сæр та кæй байдзаг æнæууæнкон чъизи зæрдæхсайæн хъуыды- тæй, æмæ уадидæгæн ма ноджы бафтыдтон: — Мах бадзырдтам чындзæхсæв кæныныл, фæлæ нæ- дæр хуыцауы раз, æмæ нæдæр дæ разы стæм мах ах- хосджын æмæ худинаджы бынаты, хæххон рæсуг суа- донау, нæ уарзондзинад сыгъдæг у, кæд хуры тын сыз- мæнта уыцы суадоны, уæд нæ уарзондзинад дæр фæ- чъизи кодта нæ зæрдæты. Арвы цæхæрæй басудзæд мæ- уд æмæ зæххы цъассы ныххауон, кæд мæ зæрдæйы кæ- ронмæ дæр æрцыди худинаджы хъуыддаджы хъуыды. Ма тыхс! Уый мæ зæрдиаг ныхæстыл баууæндыди. Ацы цæс- гомджын, хæларзæрдæ адæймаджы тагъд уырныдта хæрзиуæгад, æвзæр хъуыддаг æмæ хъуыдымæ-иу йæ зæрдæ куыд тагъд фехсайдта, афтæ. — Амар мæ, фæуын мæ кæн ам мæ мидбынаты, мæ- хи Габриел, — загъта мын фæсмон кæнгæйæ. — Зæххы æмлæгъз мæ скæн! Æлгъыстаг æвзæр зæрдæ мын ис, æнæуæндаг дæн æз! Æмæ ма ме ’намонд чызджы дæр бирæ уарзын. Амар мæ, амар, æвзæр зæрдæ мын ис, тæригъæдджын æвзæр! У мæ хъæбул, æз та дæ фыд. Цы ма мæ хъæуы æндæр. Кæд æнамонд нæ дæн, уæд! Хуыцау уын раттæд иудадзыг уый бæрц циндзинад, цас цин кодтон уыцы ’хсæв мæ хæдзармæ раздæхгæйæ! Уымæй фылдæр мæн ницы хъуыди. Мæ хуылфы царди æрмæст иунæг бæллиц, æмæ ныр мæнæ æнæнхъæлæ- джы æрцыди мæныл. Нæхимæ куы цыдтæн, уыцы ’хсæв æнхъæлдтон афтæ, зæгъын, мæ амондмæ хæлæг кæ- нынц ацы рухскалæг мæй дæр, æмæ ацы æрттивгæ стъа- лытæ дæр. Арвыл мигъы бындзыг нæ уыдис — мæ зæр- дæйы дæр афтæ. Куыд хорз уыдис уыцы амондджын æхсæв! Æмæ цы иудзинад уыд фыдгæнæг æмæ ме ’хсæн? Цæмæн мæ фæтыхсын кодта æмæ байсæфта, кæд æмæ* бæллыдтæн хæрзиуæг кæнынмæ, уæд? Куыд æй базын- 258
дæуа? ^и зоны> Уаин НЫР æз цæсгомджын фæллойгæ- нæг æмæ цæрин мæ ус, мæ сабиты ’хсæн. Æмæ мын мæ мардыл чи фæкуыдтаид, уый дæр разындаид. Мæхицо- ны КЪУХ мæ бадæлсыджыт кодтаид, мæ хæстæджытæ мыл сæ цæссыг æрыппæрстаиккой, æмæ нырау не суы- даин сырдты æмæ куыйты холы... Уадз æмæ фыдгæнæ- джы сæрыл æртыхсæд мæ тæригъæд. Æз дунейыл цæрæг нал дæн, мæ иу къахæй ингæны былыл лæууын^ абон кæд нæ, уæддæр сом æрцæудзæн удхæссæг мæнмæ, — фæлæ уæддæр мæ зæрдæйы тугтæ нытæдзынц, куы æрбаймысын мæ ивгъуыйгæ бонтæ, уæд. Сауджын мып арæх фæдзæхста, зæгъгæ, знагæн дæр барын хъæуы. Сæ зæгъынмæ æз бæргæ дæн цæт.- тæ, зæгъгæ та сæ кæнынц мæ былтæ, мæ зæрдæйы та бынтон æндæргъуызон ахстон ис, карз масты æнкъары- нады ахстон. Уыдон сегас дæр мæнг сты! Адæймаг йе знаджы никуы бауарздзæнис! IX Уыцы амондджын æхсæв мæ цæстытыл хуыссæг нал хæцыди. Маст æмæ циндзинад, куыд зыны, афтæмæй хуыссæг æмхуызон фæсурынц. Куыддæриддæр æрбабон ис, афтæ фестадтæн. Ма^ зæрдæ ма едзаг уыдис дысоны æхсæвы амондæй. Цмн кодтон райсомы сæумилтыл, цъæх-цъæхид арвыл, æр- тахæй æхсад зæххыл, æмæ мæм афтæ касти, цыма зæхх æмæ арв дæр мæнмæ кæсынц æмæ мæныл цин кæнынц. Æрмæст мах: æз, Тамро æмæ Пепиа к!уы уыдаиккам уыцы рæстæджы зæххыл, уæд дзæнæт махæн ницы уал бæллицаг уыдаид. Фæлæ ма мах ’йеттæмæ дунейыл би- рæ адæм уыдис, уыцы адæмы ’хсæн уыдис не ’лдар дæр, Датикъо, уыцы Датикъо, Гитъойæн чи загъта: «Мах Габриелимæ бафидаудзыстæм». Мæ зæрдыл æр- балæууыдысты уыцы ныхæстæ æмæ мын дзæнæт уади- дæгæн фестади зындон: ме уæнгтæ ныддыз-дыз кодтой, мæ дæндæгтæ æбарвæндæй ныхъыс-хъыс кодтой, ме ’нгуылдзтæ стымбыл сты, цыма кæуылдæриддæр баны- Дзæвдаин мæ развæдыл æрлæуджытæй, уымæн æнæ- фæхуыдуггæнæн нал уыди. Уыцы уысмыл Датикъойыл куы баныдзæвдаин, фæнды ме ’фсымæр фестадаид, уæд- Дæр æй фæмард кодтаин. Афтæ æнхъæл ма у, æмæ йæм фыд-зæрдæ хастон; нæ, фæлæ зæрдæ куы сфыцы мас- 259
тæй, уæд нал фæзоны хатыр! Æлдары галуанæй ра- хызтæн. Мæ фырмæстæй сыгътæн æмæ рызтæн, æмæ ницы уал хъуыды кæнын, Пепиайы дыргъдоны цурмæ мæн цы бахæццæ кодта, уымæн. Куыддæриддæр Мæ цæст скъуырдтон дыргъдоныл, Тамройы райгуырæн ах- стоныл цы кау æрхъула, афтæ цыма райхъал дæн æмæ мæхи æрымбæрстон. Кауы сæрты бакастæн: суадоны былгæрон бадти Тамро, суадон цыди дыргъдоны астæу- ты. Тамро æхсадта дзауматæ. Уæу ме ’намонд сæр, куыд рæсугъд уыдис уыцы райдзаст райсом ацы чызг. Чысыл фалдæр æм лæууыди Пепиа, æмбонды цæджын- дзыл æнцойгæнгæйæ, æмæ Тамроимæ цыдæртæ дзырд- та. Æз лыстæг айхъуыстон: — Уæ, чысыл хинæйдзаг цыдæр! Цы ми бакодтай уый, йе? Æз дын фенын кæндзынæн! — йæ амонæн æнгуылдзæй æртхъирæнтæгæнгæйæ, дзырдта Пепиа. — Цæуыл дзурыс, цæ? Куы нæ дæ æмбарын! — Там- ро, йæ фыдмæ йæ сау дзедæрæг цæстытæ ныццæвгæйæ, дзуапп ратта, — цы сарæзтон уый бæрц? — Гъм, цы сарæзтон? Куыд фæд-фæливæнтæ кæны, цыма ницы зоны, цыма æз дæр ницы зонын, мæнæн æй цъиу рахабар кодта... — Цæуыл дзурыс, цæ?.. — Джидзæг ма кæн! Нæ дын æй ныххатыр кæндзы- йæн, ницæй тыххæй дын æй ныххатыр кæндзынæн! Дæ фУдæй цы æмбæхсай, уый дæхи фæдыл æфтыдæй баз- зайдзæн. — Дæ хуры стæн, уæд мæ уд амæлæд, кæд æз ис- ты хатын дæ дзырдтæй! — Фæлæу, фæлæу, хинæйдзаг, фæлæу, — худгæйæ дзырдта Пепиа! Моймæ дæ раттон æмæ дын ахæм мо- йаг ма ссарон, æмæ де сфæлдисæджы куыд æлгъитай иудадзыгдæр, багъæц! — Фынæйæ æви хъалæй сæнттæ цæгъдыс? Цытæ дзу- рыс? — Уæдæ фынтæ дзурын! Мæнæ дæ иу æдылымæ моймæ куы раттон, уæд фын фестдзæн æцæгдзинад. Ба- Гъæц мæм! — О, ме ’сфæлдисæг! Не ’мбарын, цы мæ дæ уæл- ныхты систай? — фæмæсты Тамро æмæ стæй дзауматæ '^сынмæ бавнæлдта, цыма йæ маст уыдоныл калдта. — Уæд æндæргъуызон сыхситт кæндзынæ! — загъта Пепиа. — Сыхситт кæндзынæн? Æмæ булæмæргъ дæн æви 260
цы? — йæ былтæ балгъивгæйæ бахъуыр-хъуыр кодта рæсугъд. —-Ацæрæм уал, стæй йæ фендзыстæм, — фæстииæ нæ зади Пепиа. — Æз мæ хъихъри-хъийы хай скодтон æмæ... — Цы ныхъихъри-хъо кодтай? — загъта чызг, йæ фы- ды цæстытæм нымдзаст гæнгæйæ. — Дæу иу æдылыйæн моймæ кæй ратдзынæн, уый, æндæр ницы. — Уæддæр та йæхи дзырд! Уæдмæ уал сæйæд! — Цы дам", дæ зæрдæмæ нæ цæуы? — Дада, ныууадз мæ, дæ хорзæхæй! Дæхи адыл нæ дæ райсомсарæй. — Нæ дæ ныууадздзынæн, нæ, хинæйдзаг! Зæгъын дын, ныууадз мæ, ма мæ мæстæймар! — Мойаг дын ссардтон æз. — Ма тыхс, нæ мой кæнын! — Уæдæ не смой кæндзынæ? — Нæ! — Цæмæннæ? — Уымæн æмæ нæ! — Уæддæр æй зæгъ! — Уымæн æмæ нæ! — Никæмæй смой кæндзынæ? Æппын никæмæй? — Дыууæ паддзахы фырт куы феста, уæддæр нæ, — чындзы нæ цæуын! — Æгъгъæд дын нæма у? Нал мæ ныууадзай! — Æнхъæл дæн, æмæ дæм куыд кæсын, афтæмæй Габриелæн дæр нæ бакомдзынæ? Пепиа, уый дзургæйæ, нымдзаст йæ хъæбулмæ къа~ хæджы мидбылхудгæ цæстæнгасæй. Æз бакастæн Тамромæ дæр. Уый фæкъæмдзæстыг, фæсырх, йæ сæр ныггуыбыр кодта æмæ нæ бафæрæзта йæ фыдæн дзуапп раттын. Иннæрдæм азылд, стæй та йе ’хсинæгтæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты æмæ райдыд* та æхсын, æцæг æй цыма над фæндыдис, афтæ. Бæрæг дæр уыдис, æхсын æй кæй нал æндæвта, уый, фæлæ куыд фæуæлахиз уыдаид къæмдзæстыг тыхстдзинадыл, ууыл хъуыды кодта. — Уымæй дæр не смой кæндзынæ? — дзырдта Пе- пиа. — Бар дæу, æвæндоны ми дын нæ бакæндзынæн... Тамро зулмæ скаст йæ фыдмæ, æмæ та йæ мидбыл худгæйæ, йæ рæсугъд сæр æруагъта йæ риуыл. — Мæ къона, дæхицæй молазан кæнын фæнд скод- 261
тай, миййаг! — хынджылæг кодта Пепиа, — уый дæр дæ бар у, нæ дын бахатыр кæндзынæн, исты зæгъ! Дæ къæйных æвзаг аныхъуырдтай! Дæумæ дзурын: нæ мæ хъусыс, цавæр дæ? — Чизоны искæмæн ныфс бавæрдтай? Чизоны дæ хызæй искæй рацахстай, — ныххудти Пепиа. — Ныууадз мæ, нал мæ ныууадзай? — Нæ, басæтт ыл! Зæгъын дын, басæтт ыл, дæ хы- зы кæй æрцахстай? — Цы дæ хъæуы мæнæй? — хъуыр-хъуыр кодта Там- ро. — Цæй уæдæ цæсгомджын сылгоймагау зæгъ, куыд- дæриддæр у, афтæ! — О, мæ хуыцау, нал мæ ныууадзай! Тамро йæ фыды æрттæй фæселф кодта æмæ алыгъ- ди. — Ардæм рауай, мæ хъæбул, ахъазыдыстæм æмæ æгъгъæд у иыр, — Пепиа хъуыддагон æгъдауæй загъ- та. — Кæд æмæ æфсæрмы кæныс йæ радзурын, уæд ра- уай, мæ ныфс, дæ бæсты æз зæгъдзынæн. Йæ цæсгом сыгъдæг кæмæн нæу, уый æфсæрмы кæны йæ фыдæй. Ды ахæм нæ дæ, мæ зæрдæйы ныфс. — Рауай мæм, мæ хъæбул, рауай. Тамро æрлæууыди. Пепиа йæм бараст. Фыд йæ чыз- джы адджын хъæбыс акодта æмæ загъта: — Габриел мын сæ радзырдта иууылдæр, мæ зæр- дæдарæн, иууылдæр базыдтон уæ фæндтæ, зæронды бонтæм- уын хуыцау раттæнт, ихын сæкæрау, адджын царды бонтæ. Дæхæдæг æй куы зоныс, мæнæн дæуы йеттæмæ дунейыл куы никуы ничи ис, дæ фæхъау фæуон дæуæн. Ды мын амондджын у, уый йеттæмæ æз мæлæ- тæй нæ тæрсын. Габриел цæсгомджын, хорз лæппу у, фидар цæнгты хицау у, фаг тых æм ис, хъæукконы та æндæр хъæугæ дæр ницы кæны. Йæ цæсты гагуыйау дæ хъахъхъæндзæн, дунейыл ды, мæ иунæг ныфс! Мæ уд хуыцауы нывонд, хорз сæры хицау дын бахай код- та. Ам дæ уæрджытыл куы фæмард уаин, уæддæр ни- цæуыл хъынцъым кæнин. Цы мæт ма мæ хъуамæ уа? Кæд ма мæ хуыцау фæцæрын кæна дæ сабиты феныны онг, уæд, мæ хур, мæ амондыл куыдз дæр нал срæй- Дзæн!.. Æцæг у, Габриел хъæзныг лæппу нæу, хъæукко- ны мæгуырæй фауæн нæй. Æрмæст йæ арм архайæд, уый йеттæмæ алчи дæр уыдзæн æфсæст. Мæ мæгуыр фæстаджы бонты мæнæн дæр фаг уыдзæн алцыппæт 262
#мзе мæн та адон, акæс ма, цæмæн хъæуынц? Хойраг, сæн, зæхх, — иууыл дæр сымах уæд, уадз æмæ атæп- пæт сымах æфтиагæн уæд. Æз дæр ма цалынмæ цæрын, уæдмæ змæнтдзынæн ацы зæхх сымахæн хæларæй. Куы амæлон, уæд уæ цæс- Гом æмæ уæхæдæг, цы уæ фæнды, уый бакæнут, уæ цæс- Гом уын куыд амона, афтæ цыт кæндзыстут мæнæн мæ амæлæты фæстæ. — Уыдæттæ фехъусгæйæ, æз мæхи нал баурæдтон æмæ рафардæг дæн. Сæ кæрæдзи уæздан уарзондзинад бахъардта мæ зæрдæмæ. Мæ цæстытæ донæй айдзаг сты. Куыд хорз æмæ дзæбæх вæййы ацы цырд ивгъуыйгæ дуне стæм хатт! Хорздзинад æмæ фыд- дзинад дунейыл æмбар сты. Мæ зæрдæйы уæззау маст фæдæлдзæх, чызг æмæ фыды ныхæстæм байхъусгæйæ, ныфс та мæ бацыди æмæ æвиппайдæй фæхъæлдзæг дæн, фыдæхдзинад æмæ ма- стæн мæ зæрдæйы нал уыди бынат. Æз хъуыды кодтон: «Куы сæм бафтон, уæд сæ ба- хъыг дардзынæн» æмæ хæдзармæ ацыдтæн. Нæ зонын, сæ ныхас цæуыл фесты. Зонын æрмæст уый, æмæ уыцы уысм амондджын кæй уыдысты. Цыдысты боитæ æмæ æхсæвтæ. Цырд мæ хъус дард- тон Датикъо æмæ Гитъомæ. Æнкъардтон куыдфæстаг- мæ мæм кæй фыд-зæрдæ кодта Датикъо. Дыууæ знагау æнхъæлмæ кастыстæм: фыццаг иу иниæйыл раздæр йæ- хи чи андадздзæни. Фæлæ хъуыддаг уырдæмыты нæма бахæццæ, мæн та фæндыди Датикъоимæ Пепиайы чыз- джы тыххæй аныхæстæ кæнын, Тамройы ныууадзын ын хуыздæр кæй у, уый бауырнын кæнын мæ фæндыди уы- мæн, уæд та дидинæг рафтыдтаид мæн æмæ Датикъо- йы ’хсæн уарзондзинад. Уыцы уарзондзинады хуылфы цы фыдгулдзинад æмæ хæрзиуæгдзинад цæры, æз уы- мæй æнхъæлцау уыдтæн, фæлæ мæ ныфсытæ æнæхъуа- джы уыдысты. Ууыл та бирæ цы дзурæм? Гитъойы бон ницы æгъда- уæй уыд йæ бахæсгонд хъуыддаг сæххæст кæнын. Пе- пиаимæ афтæ сарæзтам мах æмæ уымæн, Гитъойæн, Тамроимæ иунæгæй аныхас кæныны фадат никуы фæ- ци, уый уæлдай карз кодта Датикъойы цъаммар хи- вæнддзинад. Уый сæраппонд мын мæ разы сывæрдта Датикъо цъыссым, æз дæр бахаудтæн уыцы цъыссымы, уый æнхъæл кæцæй уыдтæн, æмæ уый хуызæн æвзыгъд мемæ тохы афтæ тæппуд разындзæн? Иурайсом мæм хæдзармæ Датикъо кæйдæр барвы- 263
ста, æз уым нæ уыдтæн. Куы ’рбаздæхтæн, уæд та мæм фæсидти æмæ мæ бакодта йæ хатæнмæ. — Мæ Шермадин, кæм уыдтæ? — хынджылæггæнгæ йæ мæ афарста Датикъо. — Афтæ мæхицæн хъеллау кодтон. — Афтæ раджы? — Уый дæуæн раджы у, уый йеттæмæ махæн уыцы афон раджы нæу. — Уайдзæф ныхæстæй мæм цæмæн дзурыс? — Ме сфæлдисæг мæ афтæ скодта æмæ цы кæнон? — Байхъус ма, дæу цæйдæр мæт бацыди æмæ йæ цæмæн æмбæхсыс мæнæй? — Æвæццæгæн. — Нæ, æцæг зæгъын? — Раст зæгъыс. — Зæгъ æй, уæдæ, цы мæт дæ бацыд? — Зæгъын æнцон у, бар дæу, æз æй зæгъин, фæлæ* дзы цы рауайдзæн? — Уый та мæхи хъуыддаг у. — Æмæ йæ æз хъуамæ ма зонон? — Ды дæр æй базондзынæ. — Æз сцин кодтон афтæ здæхт кæй ацис ныхас æмæ* йыл æз дæр комкоммæ ныццавтон: — Хорз, зæгъдзынæн дын æй: Æз Пепайы чызджьг уарзын æмæ йæ хъуамæ ракурон. — Цы дæ хъыг дары уæдæ? — Пепиа нырма йæ усыл сау дары, æрдæг аз дæр- нæ рацыд йæ мардыл, куы йæ бадæлсыджыт кодта,. ууыл, — йе уый мæ хъыг дары. — Сæрхъæн дæр уымæн дæ! — Цæмæн? — Ус кæй ракурдзынæ, уый тыххæй? — Цы ис уым æдылыдзинадæй? — Уый, æмæ сылгоймаг дзæбæх у æрмæст æрдзбн^ хъуагдзинады дойны басæттынæн,.фæлæ æргъомау сык- кой кæнынæн нæ. Æниу дæ куы нæ хъыг дарын, ракур æй. Уæ барæвдзы хæрдзтæ мæхимæ исын. — Æмæ дæу та цы ’фсæрм ис æмæ йын чындздзон- тæ æрцæттæ кæнай, — къæйных фарст æй акодтон. Фенкъардтон, æлхынцъ халынмæ кæй бавнæлдтам, уый. — Чызг мæн у, — æдзæсгомæй загъта Датикъо. — Ныфс дæр дын уымæн бавæрдтон æмæ фыццаг мæн. кæй уыдзæн. 264
— Цы загътай, — мæстæй ризгæйæ, фæхъæр кодтон. — Цы фехъуыстай, уый, — сабыр дзуапп мын ратта. — Датикъо! Æз цагъайраг дæн, ды — æлдар, — мæ- тæвдæй лæхстæ хъæлæсæй байдыдтон. — Лæхстæ дын кæнын, мæ развæндагыл ма ’рлæуу. Фæлтау мын мæ сидзæр сæр байс, цæйнæфæлтау мын мæ зæрдæйæ дæ уарзондзинад æмæ де 'уУæнк стонай! Кæд уарзыс хуы- цау æмæ де сфæлдисæджы, уæд дæ сæрæй аппар чыз- джы тыххæй уыцы хъуыды. Дæхицæй мæ ма сур, иумæ схъомыл стæм! Дæ рынтæ бахæрон, Датикъо, ма мæ фæтæригъæдджын кæн. Афтæ бæгъатыр æмæ уæзда- нæй дæ зæрдæ басæттын нæ фæразыс, уый гæнæн ис! Æвзæр зæрдæйы хицау ма у, ахуыссын кæн уыцы мон- даджы цæхæр: цыфæнды мæ радом, æрмæст уыцы чыз- джы сыгъдæг намысæй дарддæр, уый мæн у! — Зæгъын та йæ, раздæр мæн уыдзæни, — мæ ны- хас мын айста, — стæй кæй фæнды фестæд... — Датикъо, дæ рынтæ бахæрон, фыдбылыз ма агур, ма мæ стæригъæдджын кæн. Ратт мын ацы чызджы, хуыцау дын хæрзиуджытæ ракæндзæни! — Мæхион дзы мæхи ’рдыгæй куы фæуа, уæд дын æй схæлар кæндзынæн. — Афтæ сфæнд кодтай? Хынджылæг нæ кæныс? — афарстон æй цыма мæ зæрдæ мæ хъуырмæ схаудта, уыйау. — Де ’мсæр дæн цы, миййаг, æмæ демæ хынджылæг кæнон? — Уæдæ Габриел йæ сæрыл худ мауал ныккæнæд, кæд дæу дæхион фæуа! — Цасфæнды нæ ныццæхгæр уай мæ разы, уæддæр уыдзæн! — загъта мын фидис æмæ мæстæймарæн хуы- зæй. — Цæхгæр дæр æрлæудзынæн æмæ ноджы фыддæр! — Уый æртхъирæнтæ кæныс? — Придоны загъдау, тыхы фарс æртхъирæнгæнæг. — Худинаггаг æмæ сайраг уæд, дæуæй чи фæтæрса. Мæ зæрдæ йæхи къултыл хоста. Йæ æбуалгъ гуыпп ын хъуыстон. Цыма мæ риуы нал цыди, афтæ мæм ка- сти. Арвы æрттывдау мæ сæры февзæрди Датикъойы амарыны хъуыды, фæлæ мæхи баурæдтон æмæ фæтых- стæн уыцы фыдбылызджын хъуыдыйыл! — Датикъо, цæуыл мæ ардауыс, сафгæ мæ куы кæ- ныс уый! Фæтæригъæд кæн дæхи Габриелæн! — Фæнды донласт фæу... 2б5>
— Чызг мæн уарзы, Датикъо, æрмæст мæн! Хуыца- уы раз нæ кæрæдзийæн дзырд раттам. — Хуыцау дын дæхи æмæ уæ дзырд дæр ныххуди- наг кæнæд! — Датикъо, дæ адзалы дзæмбыйы бахаудтæ!.. — Фесæф ардыгæй! — Датикъо! Йæ зæронд фыдæн дæр ын нæ тæри- тъæд кæныс! Уыцы иунæджы йеттæмæ йын куы ничи ис. Дæхи ралгъитыны онг æй ма смæсты кæн. — Ахъуытты у ардыгæй! — фæхъæр кодта. — Датикъо, уыцы æнæхин, æнæаххосаг хуыцауы фæлдыстæн нæ тæригъæд кæныс? Ма йæ фæчъизи кæн! Балæвар мын æй кæн! — Уый фæстæ дын æй балæвар кæндзынæн. — Уый фæстæ, ныртæккæ нæ? Æдзæсгом адæймаг! — мæ фæстаг ныфс фесафгæйæ, фæцъæхахст кодтон æмæ -хъамайы сæрмæ фæлæбурдтон. Куыддæриддæр иу къах- дзæф бакодтон Датикъомæ, афтæ мæм сыхаг хатæны раздæр ’мбæхстгонд лæггадгæнджытæ æртæйæ расæр- .рæттытæ кодтой, фæстийæ мыл сæхи нындæгътой. Ап- пæрстон хъама. Мæ тых, мæ бонæй сæ ариуыгътытæ кодтон фæйнæрдæм, зæгъын, кæд се ’рттæй мæхи ато- нин, фæлæ мыл уыцы арфæгонды бæгъатыртæ хæцы- дысты фидар, æфсæйнаг аркъаутау. — Йе — уый дæ лæгдзинад, йе! Худинаг дæ кънязы цæсгомæн! — фæхъæр кодтон Датикъойыл, ме ’дыхдзи- над æнкъаргæйæ. — Фæлæ ма дæм мæ арм баирвæз- дзæни. Æдзæсгом, карчы æргæвст дæ ныккæндзынæн. Датикъо мæм ницы сдзырдта. Йæ бардзырдмæ гæс- гæ мæ лæггадгæнджытæ диамбегмæ акодтой. Лыстæг мæ фæфарста диамбег. Æз дæр ын сæ ра- .дзырдтон, куыддæриддæр уыдис, афтæ, мур дæр ницы бамбæхсгæйæ. Дзырд куы фæдæн, уæд мæ бафарста: — Уæдæ уæ дыууæ Пепиа абон райсом не \лдары амарыныл сфæнд кодтат? — уыцы фарст мæ къæхты бынмæ ахъардта. Бамбæрстон, уыцы æнамонд зæрон- ды дæр фыдбылызы æппарынмæ кæй хъавынц æмæ уый дæр афтæмæйты байсафын. Æз афæлурс дæн, фæлæ ды мæ бон уыдис? — Дæ удмæ тæригъæддзинад ма райс, диамбег,— ’загътрн ын æз. Уыцы хъуыддаджы хуыцауау сыгъдæг у Пепиа. — Сæнттæ ма цæгъд! — фæмæсты диамбег. — Цы ми кодтат, Пелиамæ куы уыдтæ, уыцы ’хсæв æнафоны? 266
— Кæцы ’хсæв? — Дæлбазыр куы бадзырдтат, уæд? — Хуыцау æмæ дын динæй ард хæрын, уæддæр æмæ уый фæстæ дæр кæд махмæ исты уыдис не ’лдары ама- рьшы хъуыдытæй? — О, афтæ дыл баууæндыдтæн! Уæдæ сæм цæмæ цыдтæ, кæд уый сæраппонд нæ бацыдтæ, уæд? Æз ын æргом зæрдæйæ радзырдтон, уыцы ’хсæв Пе- лиаимæ цæуыл дзырдтам, уыдæттæ. — Ма мæ фæсай, афтæ дæ фыд рухсаг уа! Хынджы- лæг мæ аскъæрдта уыцы æрæстдзинадон рæстæвзарæг. Цыдæриддæр фæдзырдтон, уыдон фæфыста æмæ мын сыл мæ къух æрфыссын кодта. Фыст уыдысты гуырдзиагау æмæ сæ æз дæр бакастæн. Диамбег мын мæ алы дзырд дæр ныффыста. Æз дæр сыл мæ къух æрывæрдтон уæндонæй. Диамбег ратта бардзырд: бакод- той мыл хъадамантæ æмæ мæ ахæсты барæцыгътой. Зыбыты иунæгæй хитыдтæн уыцы змур бынаты. Куыд уын радзурон, æз цы хъизамартæ баййæфтон, цы зынг æмæ цæхæры сыгъди мæ зæрдæ уыцы бон, æр- мæст уыцы бон! Маст зæрдæ ’хсыдта, мæ тугдадзинты сæлыди туг, мæ сæры магъз сыгъди. Зын у, дæ рынтæ бахæрон! Аххосджын чи у, уый сæ бауромдзæн. Фæлæ мæгуыр рæстуды сæр уæд!.. Уо, уæд... Æнæ аххосæй кæй фæзылын кæнынц, уый йæхи фехсыны æрра куы- дзау... Ахæм бон кæуыл не ’ркодта, уый фиппайгæ дæр нæ кæны, куыд æхсыны ахæм маст æмæ рис зæрдæ- йы... Хуыцау æй макæмæн бавзарын кæнæд! Мæхи сæ- ры хъысмæтыл хъуыды мæ мардта, фæлæ мæ бынтон мард та кодта Пепиа æмæ йæ чызджы хъысмæтыл хъуыды. Раст куы зæгъон, уæд мæхиуыл ницы тых- стæн: æз иунæг, æнæхæстæг, æиæхицон, сидзæр уыд- тæн, мæ амонд афтæ фыдвæдыл кæд аздæхт, уæд мæ амæлæтыл дæр нæ фæфæсмон кодтаин, нæ фæтарстаин мæлæтæй. Хæстæджытæ мын нæ уыд, мæныл чи фæ- куыдтаид, нæ мын æфсымæртæ уыдис, нæ — хотæ, мæ- ныл чи бахъынцъым кодтаид. Царди дзæгъæл адæймаг йæхицæн дунейыл, нал ис, ныххæррæгъ ис, ныртхутæг ис, дымгæ куы разила, уæд уыцы æртхутæджы дæр зæххы цæсгомыл байтаудзæнис. Æз уыдоныл маст кодтон, уыдоныл. Мæ зæрдæ æр- мæст уыдон тыххæй рысти ацы æнæкæрон æмæ æнæ- хатыр дунейыл! О, мæгуыр мæ сæр, куыд æдылы хауд бакодтон се ’ртты... Куы нæ мыл сымбæлдаид ацы 267
хъуыддаг, уæд уыдон сæхи цæстæй федтаиккой куыд сын аргъ кодтаин, куыд сæ уарзтаин, цас у ме 'уУæнк. Фæлæ, уæу, додой! Мæхи равдисын мын нæ бантыстк. Мæ амонд мыл уым дæр гадзрахатæй разылди. Мæ- гуыр мæ бон, мæ æгуыдзæгдзинады фæрцы ссыгъдæг кодтон мæхæдæг ме знаджы фæндаг! Æртæ, цыппар мæйы фæстæ, æвдисæнтæ фарст куы фесты, уæд мæн бакодтой нæ горæты егъау ахæстоны,, уырдæм æрбацыдис ахæстоны гæс рæстæвзарæджимæ. Уыцы ахæстоны фæджиудтон дыууæ азы дæргъы. Ацы дыууæ азы æрвыстон иу цахæмдæр цъыф æмæ та- лынг камерæйы. Чи сæ банымайдзæн, цас хъуыдытæ цыдис мæ сæрмæ? Æз хорзæй зыдтон, аххосджын кæй нæ уыдтæн, уый дæр ма зыдтон æмæ сæ куы бафæнда,, уæд Сыбыр ардыгæй кæй аззайдзæн. Хатт та-иу мæ æрфæндыди, мæ зæрдæ цы маргæйг хъæстæ у, уыцы марг мæ сафæджы зæрдæйы æртахгай- бауадзон^ куы мæм æрбафтыдаид, уæд. Фæлæ уымæн амонд хъуыди! Уый никуы уыди. 0, стыр хуыцау! Ма- кæмæн бавзарын кæн уый, æз ахæстоны хаттæй-хатт цы ’взæрстон! Хуыцау, дæ зындон ууыл абаргæйæ дзæ- нæт у. Дыууæ азы фæстæ мын бакастысты тæрхондоны скъуыддзаг. Мæнæн стæрхон кодтой згъæркъахæнты каторджы куыст кæнын мæ цæрæнбонты, æнамонд Пе- пийæн та Сыбырмæ ахæссын. Гъе, хуыцау! Цæмæ ма аенхъæлмæ кæсыс, ацы тæригъæдджын дунейы хъаймæ- ты хай цæмæннæ скæныс!.. X Æхсæз кæнæ авд мæйы рацыдаид æмæ мын, боны- фæстагмæ, расидтысты, кæй мæ æрвитынц, уый. Уыцы сахаты агъоммæ ма ме ’дылы сæр цавæрдæр æнхъæл- цау уыди: иудадзыг мæм афтæ касти, цыма хуыцауьг рæстдзинад рахъыздзæн мæ сæрыл æмæ сраст уыдзы-. нæн... Зæронд хъадамантæ рафтыдтой æмæ мыл нæуджы- тæ бакодтой, фидардæртæ æмæ мæ ахæстоны кæртмæ- ракодтой. Уалдзæг бынтон æрыввахс. Фынддæсæй бæлц- цон (фæлындзгондæй салдæттæ æрлæууыдысты рæгъæй кæрцы. Иннæ ахæстыты дæр райдыдтой камерæтæй æд- дæмæ кæнын. Æз мæхи хъуыдыты ацыдтæн æмæ сонт каст кодтон ахæстæттæм, уыдон та иунæджытæй цыды- 268
,сты кæртмæ. Боныфæстагмæ рацыд йæ даргъ, урс за- чъетимæ зæронд лæг. Рацæйцыди хурмæ æнæкæсгæйæ, йæ сæР **æ риуыл æрыппаргæйæ, цыма йык хур æмæ дуне дæр нал уыдысты, уыйау. Æз æм лыстæг бака- стæн, æмæ, мæгуыр йæ бон, ахæм хъизæмартæ чи бав- зæрста, — базыдтон Пепиайы, уæды онг æнхъæл нæ уыдтæн, уый уым ахæстоны ис. О, уый Пепиа уыди, фæлæ цæй хуызæн! Уый афтæ фендæр, афтæ ныххус, иыззæронд, æмæ йын нал уыд базонæн. — Пепиа, ды дæ уый? — фæхъæр кодтон джихæй аз- зайгæ æнамонд зæрондмæ. Уый йæ сæрыл схæцыд æмæ мæм æрбакаст. — Мæ хъæбул, Габриел! — тæригъæддаг хъæр скод- та. — Ды дæр ам дæ, уоу, куы амæлис, æнамонд Пе- пиа! Уæдæ мын мæ Тамройы удæгасæй баныгæдтой! Йеу мæ сæр куыд фæци, мæ хъæбул! Дæу фервæзыны тыххæй уæдæ мæ ныфсытæ куы бастъæлдысты! Уый тымбыл къухæй ралæууыд йæ сæрыл, йæ уæр- джытыл, зæххыл æрхаудта æмæ ныббогъ-богъ кодта, йæ тæригъæд мын мæ зæрдæ басыгъта. — Дæу та цæй тыххæй, мæхи Габриел? Цæй тых- хæй дæу? Цы аххосæй? — хъарджытæ кодта æфхæрд зæронд лæг. — Уадз æмæ мын цыфæнды кæнæд, чыз- джы æнамонд зæронд фыд уæддæр æз куы дæн! Фæлæ ды та, мæгуыр дæ бон, цы гæнæг дæ? — Уый тыххæй, мæхи Пепиа, — кæуын хъæлæсæй загътон, — æмæ мæн дæуæн хорздзинад кæй фæндыди. Фæлæ мын ныр ницыуал баххуыс кæндзæни. Мах не ’ртæ дæр æдых стæм. Дунейыл тых уый фæсчъылдым ис. Ма ку! Цы аргъ ис ацы дунейы цæссыгтæн? Хуы- мæтæджы сæ ма згъал! Кæд æмæ нæ адæм ауæй код- той, уæддæр сын æй хуыцау нæ ныббардзæни. — Ох, Габриел, хуыцау дæр ныл атигъ кодта йæхи! Йеу мæ сæр фæуа, Тамро, мæ хъæбул! Хуыцау мын йæ- хæдæг дæр нал ссыгъдæг кæндзæн дæ худинаг. Мæ цард бамыр, ацы дунейыл, мæнæн ницы уал базза- ди... Чи зоны ма мын уыцы æнамонд исты загътаид, фæ- лæ йæм бацыд иу салдат уыцы уысм, топпы къуыды- рæй йæ фæцæф кодта æмæ йæ сыстын кодта. Æз дæр ныхъус дæн. Хисдæры бардзырдмæ гæсгæ салдæттæгтæ нæ алы- ■варс æрхъула сты, æмæ æхсæз ахсты, сæ хъадамантæ дзыгъал-мыгъулгæнгæйæ, махырдæм ракодтой. Æна- 26!?
монд Пепиа æмæ ма иу рынчын ахсты тыхæй хылды- сты. Ахæстоны галуанæй тыхæй рахызтысты Пепиа æмæ иу рынчын, уыдон сывæрдтой уæрдоныл. Æз фыд~ ми æмæ фыдбылыз уыныныл кæм фæцайдагъ дæн, уьь мæ гæсгæ мæм иттæг дис фæкасти, уырыс афтæ кæй бакодтой, уый. Авд боны фæстæ фæцæйхæццæ кодтам Хъазбегмæ. Æризæр, фæлæ цы хъæуы хъуамæ æрæхсæвиуат код* таиккам, уый нæма зынди. Баталынг. Уæрдон скъæрæг фæхъæр кодта, зæгъгæ, уæрдон асасти. Не ’г’асы дæр- æрлæууын кодтой. Салдæттæгтæ нæ алфæмблайы æр- бадтысты, чи сæ тамако дымдта, чи хæргæ кодта, чи та сæ хуысгæ æркодта. Мах дæр æрбадтыстæм. Ахæ- стæттæ дзырдтой, зæгъгæ, сом ахиздзыстæм Гуырдзы- стоны арæнтæй. Уый фехъусгæйæ, мæ зæрдæ фæцæйтыдта, мæ маст сыхсысти. Афтæ зынди, цыма мæ хуызæн æнæхæдзар> æмæ æнæхицауæн дунейыл бæстæтæй хъауджыдæр нæй. Фæлæ Гуырдзыстон гуырдзиагæн стыр зынаргъ у. Цы- фæнды уыдаид, уæддæр мæ авдæн Гуырдзыстон у, нæ фыдæлты ингæн дæр Гуырдзыстоны ис. Гуырдзыстов ахæм бæстæ у, нæ ныййарæгон æззагыл кæм дзурынц. Æрмæст уый æмбары нæ ныхас, æрмæст ам рухс кæны нæ хур, нæ мæй æмæ дæм кæд зæрдæ тæлфы, уæд уый дæр ам ис, кæд дæм уарзондзинад ис, уæд уый дæр хъуамæ ам уа, уæдæ æндæр кæм хъуамæ уа? «Кæцон стæм æмæ нæ кæдæм кæнынц?» — мæхицæн дзырдток рыст зæрдæйæ æмæ мæстæй. — Æз никуы уал фендзы- нæн ацы бæстæ, ацы хур мæ никуы уал батавдзæн, ацьг бæсты мæй мæ йæ тынтæй никуы уал барухс кæндзæн. Мæ ныхас чи бамбара, ахæ^м дæр мын нал уыдзæн. Мæ дойны нал басæтдзысты ацы бæстæйы дæттæ. Арды- гон дзуæрттæн нал скувдзынæн. Æвæгæсæгæй, æнæ- хъахъхъæнæгæй баззайдзæн Тамро... Мæ сæрмæ згъордтой уыцы хъуыдытæ, мæ маст скъуыди, уалынмæ æрбайхъуысти бæхты къæхты хъæр. Уысмы бæрцмæ нæм æрбахæццæ ис фондз æви æхсæз бæхджыны. Сæхи ныццавтой, цъæхахстгæнгæ, уырыс- сæгтыл, махæн та загътой: I — Иæ бон кæмæн у, уый йæхи бафснайæд! , Афтæ тагъд амæлæд де знаг дæр, цас тагъд фæй- нæрдæм апырх сты салдæттæ! Фæлæ та уадидæгæн æр- бамбырд сты æмæ райдыдтой æхсынтæ. Уыцы хъаугъа- йæ сыфтиаг гæнгæйæ, æз æмæ Пепиа нæхи аппæрстам 270
æмуырдыг, фæндаджы былæй, сæппæй. Уыцы зæронд, згъордта дыууыназыккон лæппу-лæгау. Иттæг дисы бафтыдтæн, фæлæ йæ уæд бамбæрстон, ас адæймаг цæ- мæн арæхсы, æмæ куыд цырд у, уый! Иу цахæмдæр бæхджын нæ фæдыл раскъæрдта, куы нæ æрбаййæф- га, уæд нын рæс не ’рмтты фæсагъта æмæ нын рæст- вæндаг загъта. — Зæгъ ма мын чи дæ? Талынджы дæ уынын! Дæ ном зæгъ, арфæ дын цæмæй ракæнон! — афарстон æй æз. — Цæмæн дæ хъæуы мæ ном, чи дæн, уый, — загъ- та мын. Кæд уæ фæнды, уæд мын арфæ ракæнут: буд æмæ цырагъ ссардзысты фæндаг мæнмæ. Уый зæгъгæйæ, йæ бæх фæцагайдта уисæй æмæ æх- сæвы тары аныгъуылди. Бирæ фæцыдыстæм, нæ развæндаг æнæуынгæйæ. Пепиайы йæ уæрджытæ нал хастой. Æцæг мæм цæуьь нæй быцæу кодта, фæлæ куы нæ уал фæрæзта, уæд æй сыккой кодтон, бирæ йæ нæ фæхастон. Уадидæгæн æр- хæццæ стæм т’ар коммæ æ^мæ уым бахсæвиуат сфæнд кодтам. Бавнæлдтон хъадаманты лыгмæ æмæ мын æр- мæст фесты райсоммæ, стæй афынæй дæн. Хур уæлиау сфардæг, куы райхъал дæн, уæд. Мæ зæрдыл ныр æрбалæууыд, къæбæры хъæстæ нæм кæй нæ уыд, уый. Æз цы фыдæбæттæ бавзæрстон уæд, уы- дон бавзарæд де знаг дæр. Ницы уал мæ сæрæн зыд- тон. Ахæсты цинелы мидæг кæдæм ацæудзынæн? Уа- дидæгæн мæ ацахстаиккой. Пепиа æцæг хъаст нæ код- та, фæлæ йыл зынди стонгæй иттæг кæй тыхсти. Уый фæстæ бон æмæ æхсæв дæр тых æмæ фыдæй бафæрæз- там аххормагæй, фæлæ нын никуыцæй зынд æххуысгæ- нæг. Уый фæстæ райсом дæр ралæууыди, фæлæ уый дæр ногæй ницы ’рхаста йемæ. Пепиа афтæ ныххус, ным- мæллæг, æмæ йæм цæст бакæсын нал уарзта, йæ цæ- стытæ бахаудтой, йæ уадултыл цыма сæлæф зæй æр- уад, йæ уадулты стджытæ ракъуыппытæ сты, йæ уæнг- тæ акалдысты. Æнцон нæ уыдысты мæ тухитæ дæр, уый тыххæй æмæ кæй уыдтон Пепиайы фыдæбæттæ æмæ мæ ныфс кæй фесæфти, нæ зыдтон кæцæй банхъæлмæ ка- стæуа æххуысмæ. Пепиа уыдæттæ бафиппайдта æмæ загъта: — Габриел, мæ хъæбул! Мæ бон нал у дарддæр цæ- уын. Æз дын æрмæст æргъом дæн! Ныууадз мæ, æз 271
уæлæуыл цæрджытæй нал дæн, ацы дунейы нал хъæ- уын. Цу, мæ къона, мæн тыххæй дæхи ноджы ма бай- саф. Æгъгъæд дын сты, нырмæ цы фыдæбæттæ бавзæр- стай, уыдон дæр. Йæ ныхæстæм хъыг дæр фæдæн æмæ мæм хъаргæ дæр бакодтой. — Куыд загътай, æнамонд, афтæ? — бынтон мæсты- гомауæй йын загътон. — Æз ацæуон? Кæмæн дæ хъуамæ ныууадзон? Хуыцауæн та цы дзуапп раттон дæу тых- хæй! — Мæ хъæбул, раджы ферох дæи æз хуыцауæй. Куыд зыны, афтæмæй мæ райгуырды бон ме сфæлди- сæг загъта зæронды бонты бирæгъты æмæ сынтыты амæттаг фæуын. Баззайдзынæн ам уыдонæн холыйæн.. Хуыцау раарфæ кæнæд дæ фæндагæн, цу, цæр... — Ацæуон æмæ дунетыл мæ худинаг ныхъхъæр уа? Æнамонд Габриел! Хуыцау мыл уыцы бон макуы æр- кæнæд, ам баззай, къах мачердæм авæр, æз тагъд æрыз- дæхдзынæн. — Уый зæгъгæйæ бирæ нал ахъуыды код- тон æмæ цырд ацыдтæн зæронды цурæй. Иу цъуппмæ схæццæ дæн æмæ фæйнæрдæм акастæн. Хохрæбын дон сых-сых æмæ пæллахъ кодта, йæ фаллаг былыл пост- вæндаг акъæдз-мæдзытæ ис. Цавæрдæр барæг уади <фæндагыл. Æз æмуырдыг, фæтæнты разгъордтон æмæ уæндон æппæрст бакодтон уымæ мæхи. Куы йæ ауыд- тон сомихаг у, уый, уæд фæныфсджындæр дæн. — Бæхæй рахиз! — фæхъæр кодтон сомихагыл. Аф- тæ фенхъæлдта, зæгъгæ, æз хынджылæг кæнын. — Уа! Цæмæн хъуамæ рахизон? Дæ коммæгæс ца- гъар дæн? Нæ уыныс адæймаг æдгæрзтæ цæуы? Нал фæгæдзæ кодтон, мæхи йæм сывæзтон, æхсæн- гарз æрыскъуыдтон æмæ йыл ныттай-тай кодтон, тых кæнынмæ йæм бæстон бабырсгæйæ: — Рахиз, дын, зæгъын! Кæннæуæд де стæг стæгыл нал хæцдзæн, афтæ дæ ныцъцъæл кæндзынæн! Афтæ рæхджы байсæфæд де знаг, царæхджы уый афæлурс. Куы бамбæрста, хынджылæг кæй нæ кæнын, уæд æрхызти бæхæй æмæ ма тарстæй бакодта: — Уа, æз бæхы тыххæй дæ хъыг райсдзынæн? Дæ хорзæхæй, алас æй æд саргъ! Йæ саргъ йæхæдæг фондз æмæ ссæдз сомы аргъ у! Ахæм бæх у æмæ йæ гæрзти- маа дæуæн дæ цæргæ-цæрæмбонты фаг у! Хорзæй баз- зай! Æз афардæг уыдзынæн, хъыпп-сыпп дæр ницы скæндзынæн. .272
— Нæ мæ фæсайдзынæ, райхал дæ кард дæр! — Бар дæу, уый дын ме ’хсаргард дæр. — Дæ рон, дæ хъама дæр! — Уæлдай дын ницы зæгъдзынæн, хъамайы тыххæй дæр. Æвзонг лæппу дæ, сфидаудзæн дыл. — Дæ дамбаца дæр сис! — Цæй, лæвар дын фæуæд уый дæр. — Дæ дзауматæ дæр. — Ау, æмæ æз та цы скæндзынæн? — Бирæ ма дзур, æртхъирæнтæгæнгæйæ йыл фæ- хъæр кодтон. — Багъæц, мæ дзыппыты фыстæджытæ, къухфысты- тæ, хыгъдон гæххæттытæ, уыдон дæ ницæмæн хъæуынц æмæ сæ сисон. — Сис сæ, фæлæ мын иу æртæ туманы хъуамæ рат- тай. — Дæ бар у, векселтæ дæр нæ ахæсдзынæн, кæд афтæ у, уæд. — Дæ рифтæгты кæрдзын æмæ сæн нæй, мыййаг! — Уый бæрц дæр дæ куы хъæуид. — Уыдон дæр мын ратдзынæ. — Дæуæн лæвар фестæд уыдон дæр! Цы ма бакæ- нон ноджы! Цы дын зæгъон, уый зоныс, ныр æз мæ фæндагыл ацæуон, ды та дæхи фæндагыл афардæг у. — Бар дæу. Иуныхасæй, цыдæриддæр дзы ракуырдтон, «нæ» мын ницæмæй загъта. Иæ дзыппæй æхцатæ куы иста, уæд æм бирæ федтон æхца, æз дæр сæ цыма нæ фед- тон, афтæ фæкодтон мæхи. Амондджын уыди, цин код- та, бынтон æй кæй нæ афистæг кодтон, уый тыххæй. — Бæхыл абадтæн æмæ Пепиамæ атындзыдтон. Уый уыд мæ фыццаг фыдракæнд. Фæлæ чи зæгъдзæнис: æцæг фыдракæнд уыди æви нæ? «Бонджынæй байс, мæгуырæн сæ ратт, ууыл дæм хуыцау зынтæй фæхъыг уыдзæн», — афтæ фæзæгъынц махмæ. Уыцы бон изæрмæ дæр ма уыцы комы фестæм. Дыу- уæ боны æххормаджы фæстæ нæхи бафсæстам, æмæ та не уæнгтæ сфидар сты. Куы баталынг, уæд Пепиайы сывæрдтон бæхыл, æз йæ разæй, афтæмæй араст стæм. Æртыккаг бон æрцæйхæццæ кодтам Магъламдоретмæ. Æнамонд Пепиа уæззау рынчын фæцис фæндагыл. Нал хордта, нал нуæзта, нал дзырдта. Уæд базыдтон мах- æрдыгон кæй нал у, йæ кæрон кæй æрыввахс. Иу ца- 18. И. Чъавчъавадзе 273
хæмдæр рагъмæ схæццæ стæм æмæ ма Пепиа тых æма& амæлттæй сдзырдта: — Æрлæу, мæ хъæбул! Налдæр бæхыл бадын фæ- разын, нал цæуын, удхæссæг, æвæццæгæн, æргуыбыр кодта мæ сæрмæ йæхи. Бæх баурæдтон, Пепиайы æристон бæхæй, йæ быны йын цинел бакодтон, йæ нывæрзæн та — саргъы баз æмæ йæ æрхуыссын кодтон. Æризæр, хур фæцæйныгуылди. Æнамонд зæронд уæззау улæфт кодта. Æз æрбадтæн йæ нывæрзæн. Хæрз зыбыты иунæг уыдыстæм уыцы егъау хохы рагъыл. Хур, йæ тæккæ цъуппгæрон йæ был ныддаргæйæ, сыгъди бур-сырх пиллонæй. Уалдзæджи- мæ райхъал æмæ райгаси дуне æмæ афтæ зынди, цыма уый сабыр, сыгъдæгзæрдæ уыд, раст цыма саби авдæ- ны уыд, афтæ. Амонды улæфт кодта алцыппæт нæ ал- фæмблайы, мах йеттæмæ. Æрмæст æз æмæ Пепиа уы- дыстæм æнамонд. Уый мæлгæ кодта, æз та знæтæй æмæ дурзæрдæйæ кастæн удисæгмæ. — Габриел, — загъта æппынфæстагмæ Пепиа, — мæ къæхтæ уазал кæнынц, уый мæлæты нысан у, мæ хъæ- бул, мæ туг ныббар знагæн, æз ын æй куыд хатыр кæ- нын, афтæ, фæлæ... Куы базонай Тамройы фæхудинаг кодтой, — ард бахæр, уый фæхудинаггæнæджы хур кæй батар уыдзæн, ууыл! Ард бахæр куыд æй амардзынæ æмæ уый амæлдзæн дзæгъæлæй, æз куыд мæлыи, аф- тæ. Ард бахæр... Кæд æмæ ахæм ракæнд тæригъæд у, уæд æй исын мæхимæ. Ард бахордтон æз дæр. — Дæ ард хъуамæ ма басæдтай! — дзырдта дард- дæр уыцы æнамонд. — Сар мæ сæр, мæ хъæбул Тамро!.. Габриел, кæд æ^мæ Тамройы нæ фæхудинаг кодта, — уæд ын ныххатыр кæн, махæн цытæ фæкодта, уыдои^ æз дæр ын сæ хатыр кæнын. Расомы кæн! Йæ ныхæстæй ма мæ бацыд иуцъус ныфс æмæ йын æз дæр расомы кодтон. — Ох, Æммыст ма ныр куы фенин мæ Тамройы! — дзуры та Пепиа, — иу хатт ма йæ уæддæр куы федта- ин, уæд мын æнцондæр мæлæн уыдаид. Мæ уарзон хъæбул, мæ иунæг Тамро? Кæм дæ ныр? Де ’намонд фыды цæстытыл цæмæннæ бахæцыс? Йæ риуыл ын ды цæмæннæ сывæрыс йæ къухтæ дзуарæвæрдæй? Цæуыл- нæ йыл кæуыс, мæ хъæбул. Æнæ дæ цæссыгæй мæлгæ дæр куыд акæнон? Хуыцау мæм уый бæрц цæуыл фæ- хъызыд? Фæлæ, хуыцау, уæддæр дæумæ кувын, бахиз- 274
мын мæ сидзæр чызджы худинагæй! Хуыцауы фæ- дзæхст мын фæу, мæ уарзон Тамро! Мæ уды фæстаг æнцой, мæ цæсты иунæг рухс. Хуыцау дын раарфæ кæ- нæд, мæхи Габриел! Арфæ кæнын сыджытæн, кæд æмæ йыл мæ Тамро æнæ фæчъизигондæй цæуы, уæд... Кæд æмæ нæ, уæд быныстъæлд бауæд худинаггæнджыты æмæ æнаккаг цъаммæртты цæрæндон, ахстон. Хæрзбон у, мæхи Габриел! Мæ фæстаджы сахат æрцыди, мæ уд фæтæхы. Мæлын мæ чызджы цæссыгæй æнæхай фæу- гæйæ. Хицæн кæнын ацы дунейæ. Бæрзонд хуыцау, дæ- уæн фæдзæхсын мæ чызджы! Ох, мæ хъæбул, Тамро!.. Афтæ Тамройы ном йæ дзыхæй æнæвидигæйæ, фæ- цис йæ рæстæг уыцы рæстаг адæймагæн. Тамройы ком уыдис йæ фæстаг унæр, йæ фæстаг хъæрзт дæр, æмæ уыцы номимæ атахти йæ æфхæрд рæстæй рыст æмæ хæлд уд. Афтæмæй ахицæн уый ацы æнæхатыр æмæ тæригъæдджын дунейæ. Мæлæты уысмыл дæр Тамро- йы ном баззад зæронды æвзаджы алгъыл. Æй, уыйау куы фæуыдаин æз дæр уæд! Иттæг зынтæй скъахтон мæ хъама æмæ æхсаргар- ды фæрцы ингæн уыцы æнамондæн. Райсом та хур куы скаст, уæд æй бадæлсыджыт кодтон. Хур уыд мыдадзын цырагъ æмæ ингæны къуымтæ рухссгæнæг дæр, райсо- мы æртахы сысыны тæф та йын уыди буды бæсты. XI Мæстджын, мард æмæ æфхæрд зæрдæйæ бабадтæн бæхыл, æмæ, фæндаг не ’взаргæйæ, хохыл æруырдыг кодтон. Цыдтæн уæлбæхæй æмæ мæ цæстыты разæй нæ цух кодта Пепиайы æнæрæстаг мард. Æрбаймысыдтæн йæ иууыл хатырон ныхæстæ. Æнкъарддзинад мæ хуы- дуг кодта, фæлæ фæндаг кодта йæ кæнон. Мæ маст мын чысыл фæрогдæр кодта, мæ рыстзæрдæ мын ссыгъ- дæг кодта, мæ зонд ссыгъдæг. Æмæ ныр, боны фæстаг- мæ, æрсабыр, чи зоны афтæ æнцад — сабырæй бирæ фæцыдаин, фæлæ мæнæн мæ зæрдыл æвиппайды æр- балæууыди Пепиайы раз мæ ардбахæрд. Ард бахорд- тон лæг амарыныл? Ме уæнгтæ барызтысты. «Мæ хъысмæт мæ мæнæ цæмæ æртардта, — хъуыды кодтон, — адæймаджы мын марын кæны. Мæныл, Габ- риелыл хъуамæ сбада тæригъæдджын, лæгмары ном?.. Мæ къух хъуамæ сывдула адæймаджы сырх туджы...» Ме ’гъдау афтæ уыди мæнæн, æмæ мæ мастæй фæ- 275
сонтуæвгæйæ, амардтаин æбарвæндæй адæймаджы, фæ- лæ мæ бон æрмæст дыууæ уысммæ куы бауыдаид, мæ зæрдæйыл æмæ мæ зондыл фæтых, уæд зынтæй сфæнд кодтаин адæймаджы йæ цардæй фæцух кæнын. Ныр та мыл ахæм уавæр æркодта: сегасыл ахъуыдыйы агъом- мæ мын бирæ, фаг рæстæг уыдис. Уый сæраппонд æз цас фылдæр хъуыды кодтон мæ ард хæрдыл, уый бæрц мын уыдис зындæр мæ зæрдæйæн. Дыууæ хъуыддагæй мæ сæ иуыл хъуыдис ныххæ- цын: кæнæ мæ ард басæттон, кæнæ лæг амарон. Æз ныры онг дæр нæма зонын, кæцы сæ у уæззаудæр тæ- ригъæдыл нымад? — «О, хуыцау, — дзырдтон мæхинымæр, — ссарын мын кæн æнæфæхудинаггондæй Тамройы, цæмæй мæ байсафæгæн ныххатыр бауа мæ бон. Пепиайы фæ- дзæхстмæ гæсгæ! Хуыцау, уыцы тæригъæддзинадæй мæ бахиз, ракæс мæм, хуыцау, ма мæ фесаф». Цыфæнды дæр уа, уæддæр лæг амарын тæригъæд хъуыддаг у, дæ рынтæ бахæрон, уый æз зыдтон æмæ мæ ссыгъта. уыцы хъуыды, уыцы арты цæхæры сыгъ- тæн, фæлæ мæ зæрдыл куы æрбалæууыд, æмæ уыцы адæймаг æртæ уды цæрæнбонтæ æрбайсæфта, ингæны къæсæрыл сæ æрбалæууын кодта, æрмæстдæр уый тых- хæй æмæ йæ иу уысмон æрдзон мондаджы домæнтæ сыххæст кодтаид, мæ хуызæн адæймаджы, цæрынмæ æнхъæлмæ кæсæджы дзыллæйæ кæй фæхицæн кодта, иунæг чызджы фыды кæй амардта, зиареба райсыны бон дæр ын нал уæвгæйæ, æмæ ма чи зоны, фæхудинаг кодта уый чызджы, уæд æз фырмæстæй ахъуыды код- тон: «ахæм адæймаджы амарын афтæ стыр тæригъæд у, миййаг? Хъуамæ рæстдзинад фæстæмæ ма сывæрдæ- уа йæ бынаты? Сауджын мыи уый тыххæй нæ дзырдта миййаг: «Æндæр исчи дæу тыххæй, ды та æндæры тых- хæй». Æз хъуыды кодтон, ницæй тыххæй фæфæстиат уы- дзынæн! Ард басæттын худинаг у. Цы мыл æрцæудзæ- ни? — мæхи фарстон, мæ сæры магъз сыгъди. — Æнус- мæ хъизæмар æмæ зындон? Уæд уадз, æмæ æрцæуа, цы æрцæуинаг у, уый! Уадз, æмæ уыцы хъизæмæрттæ æндæрты бæсты мæныл ныууæз кæнæд мæ хъизæмæрт- ты æмæ тухиты у’æлæмхасæнæн. Хуыцау æй куы уы- ны,,— хъуыды кодтон, — мæхи сæраппонд кæй нæ исын мæ маст. Ме знæгтæй æз мæхи тыххæй туг нæ исын: æз ныххатыр кодтон мæхи сæраппонд знагæн, ныхха- 276
тыр сæ кодтон, ферох сты, Пепиайы мæлæт æмæ йæ зæрдæбын ныхæстæ семæ ахастой мæ зæрдæйы карз маст. Цыма цыдæр тæрхоныл ныллæууыдтæн, æмæ уæд- дæр, цыма, æнæбары ме ’рмттæ айтыгътон хуыцаумæ, æргом зæрдæйæ йæм скуывтон, иттæг хъынцъымджы- нæй: «хуыцау, бахиз мæ адæймаджы амарынæй. Фе- нын мын кæн æнæфæчъизигондæй Тамройы! Уæззау у, дæ рынтæ бахæрон, адæймаджы зæрдæйы куы уа лæг амарыны тæрхон, уæд. Тыхджын уæззау разынди, ит- тæг! Æрмæст уыцы иу бон базæронд дæн. Кæд дæ фæн- да адæймаджы зæрдæйæн зындон фестын кæнын, уæд ын адæймаг амарыны фæнд ныффидар кæн йæ хъуы- дыйы. Уый дæр фаг у, цæмæй йын æнæкæрон бирæ фæ- хъизæмар кæнын кæнай!.. Хохæй æрхизгæйæ, кæмтты араст дæн, æмæ мæ цы- дæр ласта сауджынмæ, зæгъын, баарфæ мын кæна, æмæ стæй цыфæнды дæр уæд. Мæ зæрдæйы фæидоныл баууæндыдтæн æмæ араст дæн Калакмæ. Дыккаг бон изæры ’рдæм бахæццæ дæн Дигъоммæ æмæ æрхызтæн бæхæй иу дуканийы цур, уымæн æмæ мæм нæ увди Калачы афæстиаты фæнд. Бæх дукани- йы фæстæ скъæты æрбастон, асыгъдæг æй кодтон æмæ йын баппæрстон хæринаг. Дуканигæс мын ратта æхсæ- вæр. Æз тæрхæггондмæ баввахс кодтон æмæ бавнæлд- тон хæрынмæ. Хæрд куыддæриддæр фæдæн, афтæ ду- канийы дæлбазырмæ батылдтой цыппæрдзæлхъыг. Цып- пæрдзæлхыджы бадтис иу ус, иу æвзонг лæппу-лæг, æддийæ бакæсгæйæ — калакаг. — Дуканигæс! — фæхъæр кодта лæппу, хицæн уат дæм разындзæн! — Уый бæрц дæр дæ куы хъæуид, — дзуапп ратта уазæгдоны гæс. Ус æмæ лæппу æрхызтысты цыппæр- дзæлхыгæй æмæ бацыдысты дуканимæ, куыддæриддæр ауыдтон усы, афтæ æрвдзæфау фæдæн. Æвиппайды куыддæр цыдæр ауади мæ цæстытыл. Нæ баууæндыд- тæн. Тæрхæггондмæ бацыдис ус æмæ йæм лыстæг ба- кастæн, мæ цæстытæ туджы азылдысты. Æз, сонтгон- дау, агæпп кодтон тæрхæггондæй æмæ усы раз фæлæу- уыдтæн. — Тамро! — ризгæйæ фæхъæр кодтон. — Габриел! — фæцъæхахст кодта, афæлурс æмæ йæ- хи мæ риуыл æрбаппæрста, — мæ фыд кæм ис, мæ фыд! — ставд цæссыг згъалгæйæ мæ фарста. 277
— Удæгас нал у уый! Фæлæ ма зæгъ ам цæмæн дæ? — Нæ хъæуы, ма мæ фæрс! Ма мæ фæрс! — æрдиаг кодта, мæгуырсар. — Тамро дын байсæфт раджы, амар- ди дæ Тамро! — Уæдæ ды чи дæ? — мæ фырдиссагæй фæцъæхахст кодтоп. — Нæй, æз уыцы Тамро нал дæн! Ныр сыдзæсгом дæн, ныр дæн авлабараг чызг, батæригъæд мын кæн æмæ ме ’намонд сæрыл фæку!.. — Æдзæсгом чызг!.. Мæхицæй асхуыстон уыцы æнамонды, калмау æй мæ риуæй арæдывтон. Фырмæстæй фæсонтгондæй мæ- хи раппæрстон кæртмæ, бæхыл абадтæн æмæ, алцы дæр фыдæлгъыст ракæнгæйæ, фæраст дæн тæргæ бæ- хæй нæ хъæумæ. Мæ ард сыххæст кæныны бон ралæу- уыд. Лæгмарды тыххæй мæ дызæрдыгдзинад фесæфти, алы æнæныфсхастдзинæдтæ фæдæлдзæх сты. Мæ зæрдæ афтæ сыхсыстис æмæ йæ бар куы уыдаид, æппæт дуне- йы ныппырх, ныссæфтаин. Æртæ мæйы, чи зоны, цыппар дæр, афтæ æз зылд- тæн Датикъойы фæдыл, фæлæ йыл ницы амалæй æм- бæлдтæн лæгæй-лæгмæ. Бирæ хæттыты мын уыдис фадат фæсфисынæй йæ амарынæн, фæлæ уый цæй лæгдзинад у? Уый йæхæ- дæг дæр хъæбатыргонд уыди æмæ мæ фæндыди йемæ фæхæрхæмбæлд æмæ йæ кæнæ æз хъуамæ амардтаин, кæнæ мæхæдæг куы фæмард уыдаин. Уыцы æртæ-цыппар мæйы, сырдау, фембæхстæн хъæ- ды. Уæддæр мæ бахъуыд дыууæ сомихаг æмæ фондз кънязы бастигъын, фæлæ ард хæрын, æз уыдонæй, цы мæ хъуыдис, уымæй уæлдай кæй ницы райстон! Сега- сæн дæр дзырдтон мæ ном, цæмæй мæ кой Датикъомæ бахæццæ уыдаид æмæ цæмæй, хабар базонгæйæ, уы- даид цæттæ мæныл фембæлынмæ. Афтæ сырæзти мæ абырæджы ном æмæ мæ фæстæ зилын байдыдтой. Чидæр æнæхъæн зылды байдыдта æфхæрын æмæ стигъын ме ’фсон. Æртæ хатты амардæ- уыди лæгтæ, фæлæ уыцы хъуыддаджы æз ницы аххос- джыи уыдтæн, æцæг сæ æвæргæ мæныл кодтой, æцæг абырджытæ та-иу донæй æнæсхуылыдзæй рауадысты. Уыцы уавæртæ дæр бирæ хъыг дардтой мæ фæд сса- рынæн. Абон иу дзырдтой: «Уæртæ уым бастыгъта Габ- ро иу лæджы» — æмæ-иу уыцы бынатыл æрхъула сты. Æмæ та-иу уыцы изæр айхъуысти, цыма Габро кæй- 278
дæр бастыгъта фæндагыл æртæ бонцауы дарддæр,— уыцы хабæрттæ дзæгъæлтæ кодтой мæ фæдыл зилджы- ты, йæ сæрмæ никæмæн æрцыд ахæм хъуыды, æмæ Габ- ро уым мур аххосджын дæр нæу, кæй абырæгдзинад кæнынц, уый тыххæй мæ номæй сæхи чи æмбæхсы. Бо- ны фæстагмæ Габройы фæдыл зилынæй сæ къухты куы пнцы æфтыди, уæд ныфс æвæрдтой, мæн удæгасæй кæ- нæ мардæй сæ къухты чи бафтын кæна, уымæн Геор- гийы дзуар ратдзысты, зæгъгæ. Æз уыдтæн æмбæхст, Датикъо арæхдæр кæмыгы цуан кодта, уымыты. Тынг уарзта Датикъо цуан кæ- нын. Фæлæ ацы æртæ-цыппар мæйы иу хатт дæр нал ра- цыд, — куыд амондджын уыди. Ралæууыд йæ фæстаджы æнамонды бон. Фæхæрх- æмбæлд стæм. Хур акъул ис, Датикъойы куы ауыдтон, уæд. Быдырты бæхыл фæцæйцыди. Йæ фæдыл згъордта егар. Уыцы уысмыл бадтæн бæласыл хъæды. Зæхмæ æргæпп кодтон, бæхы сæрмæ стæррæст кодтон æмæ йæм байдыдтон æнхъæлмæ кæсын, мæ зæрдæ йæхи къултыл хоста. Фæндаг цыди хъæдгæрæтты, Датикъо фæндагмæ ра- хызти æмæ ’ рараст и ме ’рдæм. Куы мæм æрбаввахс, уæд мæм хъуысти Датикъойы зарын. Бакастæн æм, гæрзифтонг уыди. «Æвæццæгæн дзы иæ ферох дæн», — ахъуыды код- тон, иугæр æй афтæ схотыхджынæй федтон уæд. Комкоммæ куыддæриддæр æрбахæццæ, афтæ мæ бæх фæтъæбæртт кодтон æмæ мæ ме знаджы размæ аскъæфта. — Кæд тæппуд нæ дæ, уæд равдис дæ лæгдзинад! — фæхъæр ыл кодтон. Фыццаг мæ нæ базыдта. — Чи дæ? Æвæдза, чифæиды дæр нæ уай, нæ дæ тæрсын! — загъта мын хъæбатырæй æмæ къæйныхæй. Иу уысм дæр нæма рацыдис, афтæ йæ уæхсгæй • æриста дыууæ лулæйон топп æмæ сæ цæсты фæны- къуылдмæ ныффæздæг кодта. Æз бафæрæзтон мæ цон- джы тыхы фæрцы топпы хæтæлты феннæрдæм кæнын æмæ иæмгуытæ цъух-цъухгæнгæ мæ сæрты афардæг сты, дыууæ æхсты дæр. — Æз Габро дæн, æмæ дæ маргæ дæр акæндзы- нæи! — фæхъæр ыл кодтон æмæ цалынмæ дыккаг гарз- 279
мæ фæлæбурдта, уалынмæ йын йæ тæккæ риуы ауагъ- тон нæмыг. Мæгуыр йæ бон, саргъыл бадзой-дзой кодта, азæбул ис иуæрдæм, æтт-æтт, хауы, æнхъæлдтон, фæлæ бауг рæдта йæхи, фелвæста æхсаргард æмæ мæ хъуамæ ныс- сæрфтаид. Кард мæ ацы хатт дæр фæивгъуыдта, мæ бæхы сæрыл æрныдзæвди æмæ бæх фæмарди. Зæххыл сымбæлдыстæм нæ дыууæ дæр. Куы сыстадтæн, уæд Датикъо дæргъæй хуыссыд зæххыл. Æз æм бацыдтæн: рæсугъд, æвзонг, стырзæрдæ къняз, тыхæй улæфгæйæ, хуыссыд йæ цагъары къæх- ты бын. Нæ уын бамбæхсдзынæн мæ зæрдæйы æвзæрдзинад^ æппындæр ын нæ батæригъæд кодтои! — Уæддæр де ’дзæсгомдзинады сæрыл ныууæй код- тай дæ цæрæнбонтæ! — уайдзæф æмæ фыддæрадæны загъд кодтон уымæн. Цыма йæхи сынтæджы хуыссыди, афтæ мыл сабы- рæй фæпыррыкк кодта. — Æмæ ууыл фæци дæ шермадиндзинад? — Ды мæнæн цахæм Автандил уыдтæ, æз дæр дык ахæм Шермадин разындтæн! — Афардæг у, æфсымæр! Амардтай мæ — уыцы кад. дын æгъгъæд у! Абон мæ амонды бон иæ уыд: цыдæ- риддæр æхстон — иудадзыг ивгъуыдтой... Оххай, цæй мæгуырау мардæй мæлын. Худинаг мын! Цъæррæ- мыгъд дæр дæ нæ акодтон! — Ныр ахæмтæ дзурыны рæстæг нал у! Хуыцауæн йæ кой уæддæр скæн, дæ цардæй хицæн кæнгæйæ ды, тæригъæдтæй дæ хъуырмæ уæвгæйæ. — Æгъгъæд мын амон! Уадз æмæ дыи мæ тугнык- калд амонды хос фæуæд. Хъæбатыр, æвзыгъд разындг тæ! Æз æцæгæй бирæ фыдмитæ фæкодтон. Фæлæ ницы кæны, уадз æмæ мæ тæригъæддаг мард уыдон тыххæй бæсты-бæсты фæцæуæд, уæу, гыцци! Куыд мæгуырау рауад ацы хабар! Афтæ дыл фембæлдаин? Уæддæр дæ* къухтæй амардтæн! Хъуыды ма йæ кæныс æз дын куы загътон буд æмæ цырагъ фæндаг ссардзысты. Ныр мæ- нæ ссардтой. — Уæдæ уый ды уыдтæ, ды мæ ссæрибар кодтай Хъазбеджы цур? — фырдисæй аджих дæн æмæ йæ афар- стон. — Æз уон æви нæ — цы хъауджыдæр у? — Цæмæн нæ фервæзын кодтай? 280
— Дæхæдæг æй уыныс! Ацы сахаты сæраппонд... Пе- пиа та цы фæци? — Амард. — Æнæ зиареба æмæ æнæ аргъуыдæй, мæнау? — О, дæуау. — Уæдæ сраст стæм кæрæдзийæ... Хæрзбон, Габри- ел! Хорз дæ хай æмæ дын æнтыстытæ уæд, уæлахиз- гонд! Хъыг мын у æрмæст ахæм æгады мардæй кæйг мæлын. Уæлахиз кæн æмæ дын æнтысæд... Цыдæр ма йæ зæгъын фæндыди, фæлæ йын удхæс- сæг бар нал ратта, йæхи сывæзта, схæцыд йæхиуыл,. æрхауд æмæ йæ уд систа. Амард уыцы æнамонд! Фæлæ йæ былтыл ныууазал мидбылты худт, цыма цæуылдæр худти. О! Амарди, мидбылхудгæйæ, цæссыгимæ райгуыргæ уд. Йæ бæх ын рацахстон, сбадтæн ыл æмæ афардæг дæн. Бæхы йеттæмæ ницы систон уымæй мæхимæ. Датикъойьг амарды фæстæ уыцы рæтты æмбæхсын фæзын ис. Тынг- дæр æрзылдысты мæ фæдыл. Æмæ мæ уромгæ дæр ни- цы уал бакодта уым. Æмæ уын раст куы зæгъон, уæд. мæ зæрдæ фæхаудта абырæджы цардæй. Уый мæ дæс- ныйад нæ уыди. Æбарвæндæй стыгътон, рысти мæ зæр- дæ æмæ мæхи зылынмæ æппæрстон. Бирæ фыдмитæ- сарæзтон, фæлæ мæ зæрдæ семæ нæ фидыдта. Мæ бон мæхи бауромын нал уыди æппындæр! Боны фæстагмæ бафæнд кодтон дард ранмæ афардæг, уæвын, æви хуыздæр уыдаид, уæддæр къæбæр арттаин мæ цæнгтьг тыхæй. Мæ мæлæты бонмæ мæхи исчердæмыты фæдард- таин. Уый уыдис æрмæстдæр ацы дунейыл мæ бæллиц, æмæ мæ æндæр дæр хъуамæ мацы фæуыдаид: ацы ду- нейыл цы ис, уый йеттæмæ ницæмæй уал уыд махæн хай! Уыцы бынæтты ныууадзгæйæ ралыгътæн Къахетмæ. Алазаны доны рацæйхизгæйæ, доны астæумæ куы æр- бахæццæ дæн, уæд Датикъойы бæхæй рагæпп кодтон, топп ын йæ сæрыл ныццавтон æмæ йæ дон аласта. Мæ гæрзты дæр барæцыгътон доны, цæмæй мæ мачи ба- зыдтаид мæ бæх æмæ мæ гæрзтæй. Къахеты ныллæу- уыдтæн искæйон. Цæрын ам, куыд уын загътон, афтæ- мæй, фæндзæм аз. Фыццаг аз дзæбæхæй арвыстон, фæ- лæ мын дыккаг аз Къахеты уæлдæф рахъыг кодта, — ризæг мыл фæзынди. Стæм хатт-иу мæ ныууагъта дыу~ уæ-æртæ мæйы бæрц, фæлæ та-иу чысыл мæ сæрæн* куы фæдæн, уæд та мæм-иу æрыздæхти.. 281
Фæлæ уæддæр никуы мæхи æруагътон æмæ цы мае -бон уыди, уымæй куыстон. Афтæмæй ма фæцардтæн æртæ азы. Ацы аз та доннизæй фæрынчын дæн, мæ къæхтæ ныррæсыдысты, мæ бон цæуын нал уыд, куы- стæн дæр нал бæззыдтæн. Мæ низ мæ хордта, æз дæр ахаудтæн. Иу хъæуккон мæ бакодта йæхимæ. Цалын- мæ мæм капеччытæ уыд, уæдмæ сæ хардз кодтон, æмæ мæ уый дæр дардта, фæлæ ме ’хцайы муртæ куы фесты, уæд мæ уыцы арфæгонд адæймаг расырдта ду- армæ, мæ фæскъæбут мын фæцæф кæнгæйæ. Уый уы- дис цыппар мæйы агъоммæ. Хъуыддаг афтæ рауадис, •æмæ мын нал уыдис гæнæн æнæ мæгуыргур ныллæууы- нæн. Тынг худинаг мæм касти æмæ уый тыххæй уыцы хъæуæй мæхи раиуварс кодтон, æз схæцыдтæн’æмæ ра- -фардæг дæн ардæм. Ацы бынæттæм æрбахилгæйæ, мæ бон дарддæр фез- мæлын нал сси, мæ къæхтæ фехæлдысты, фæхъæдгæмт- тæ сты, хæф байдыдтой. Æппын фæстагмæ та мæнæ дæхæдæг уыныс. Сбыр дæн. Æз зыгуымдонмæ мæ тых æмæ амæлт- тæй æрхаудтæн æмæ йæ дæлбазыр балæууыдтæн. Зы- туымдон та фæндаджы былыл ис. Иудадзыг ауылты дыууæрдæм рацу-бацу кæнынц адæм, фæзыны уыдоны ’хсæн зæрдæхæлар адæймаг æмæ мын ратты къæбæр, æрбахæссы мын дон. йе афтæ цæрын. Чи зоны, мæ амонд мæ цы æрхаудта, æндæр аккаг дæр нæ дæн. Æвæццæгæн, цы фыдракæндтæ фæарæзтон, уыдон фи- дын. Чи йæ зоны? Æз æнкъарын донниз мæ рæхджы кæй фервæзын кæндзæн мæ цардæй, суанг мæ зæрдæ- ■мæ бахæццæ. Табу хуыцауæн, мæ фæстаджы бонтæ æр- цыдысты! Кæд мæ дунейы раз исты зылынджын дæн, уæд мын æй ныххатыр кæнæд, иныæтæ хуыцауы бар сты. 'Фыдгæнæг нæ уыдтæи, уыдтæн æрмæстдæр æнамонд. Æз афтæ æнхъæл дæн æмæ ам мæ тæригъæд ракæнд- тæн сæ фылдæр хай бафыстон. Мæ фæсмондзинадæй кæд миййаг, рæдийын, уæддæр æй хуыцау æмæ æнæ- басæтгæ растдзинад зоны. Æвæсмонæй куы хицæн кæ- нын ацы дзыллæйæ, уымæн æмæ дзы ницы зылын дæн, ницы хæсджын дзы дæн. Ацы дунейыл аккаг нæ фæ- .дæн мæ мæлæты агъоммæ зиареба райсынæи! 282
XII Ууыл фæци йæ радзырд мæгуыргур! Уыдис фæсæм- бпсæхсæв. Хæрзбон загътон уыцы æнамонд адæйма- гЛ2п, æмæ, рыстзæрдæйæ, араст дæн мæ хæлармæ. Дыккаг бон бафарстон, зæгъгæ, сауджыны кæм ссар- дæуа, уымæн æмæ мæнмæ хорз фæкаст ацы æнамон- дæн, адæймагад кæй ферох кодта, уымæн, зиареба рат- тьш æмæ йын уымæй йæ фæстаг фæндон сыххæст кæ- нын. Ныфс ма мæ уыдис, мæ хæларимæ баныхас кæн- гæйæ, сразы уыдаид æмæ йæ хæдзармæ æрбауагътаид. Мæ хæлар мын загъта, зæгъгæ, цыма сауджын нæ ра- дæудзæни, уымæ гæсгæйæ æмæ Калакæй благъочин æр- бацыди, сауджынмæ бафысым кодта æмæ йын рæстæг куы нæ фæуа. Æмæ æцæг дæр, куыд æнхъæлдтам, аф- тæ рауад... Сауджын нæм дзуапп æрбарвыста, зæгъгæ, æнæ- вдæлон дæн. Ахæм дзуаппыл дис дæр иттæг фæкодтон æмæ йыл мæсты дæр иттæг сдæн. Æз мæхæдæг араст дæн, загътон ын йæхицæн. Благъочинæи радзырдтон, мæн æм цы æрбахаста, уый æмæ йын сауджыны дзуапп фехъусын кодтон. Благъочинæн уый тынг хъыг уыдис, æмæ йын йæхъæбæрзæрдæ ахасты тыххæй бауайдзæф кодта. Уадидæгæн æркуырдта дины чиныг, ракодта емæ сауджыны, диакъоны æмæ мемæ фæцæуæг ис. — Райсом раджы ма уыди, мæгуыргурмæ куы ных- хæццæ стæм, уæд. Тыхджын фендæр ис уыцы ’хсæв уыцы мæгуыр. Афтæ мæллæг, æдых æмæ фæлурс уы- дис, æмæ ма йæ цæрæнбонтæ хæцыдысты æрдуйыл. Мæгуыргур благъочины куы ауыдта, уæд, цыма, фæ- дзæбæхдæр, йæ цæстыты цæхæртæ ссыгъд ногæй. Цæ- уылдæр фæджих, афтæ лыстæггай касти благъочины цæсгоммæ, цыма йæ цыдæр фæндыди æрымысын. Цы- ма йæ уырнгæ дæр кодта æмæ йæ уырнгæ дæр нæ код- та, йæ цæстытæй цы уыны, уый. Иу-æртæ хатты йæ цæстытæ асхъаудта мæгуыргур, цыма цыдæр ныббад- ти йæ цæстытыл. Æмæ та уæддæр афтæ дисгæнгæйæ, асабыргонд æмæ къæрццхъусгондæй, лыстæггай касти благъочинмæ. Стæй, цыма фынтæй тарсти, йæхиуыл Дзуæрттæ æфтыдта ноджыдæр бæстонæй, благъочинмæ йæ цæстытæ ныццæвгæйæ. Æз фæдис кодтон — цы, кæны? — ахъуыды кодтон. — Хуыцауы арфæ дыл, ме ’фсымæры хай! — загъта благъочин, — æз сауджын дæн, зиареба раттынмæ дæм 283
æрцыдтæн, дæумæ, чырыстонмæ. Цæуыл дис кæныс, цæмæн мæм афтæ лыстæггай кæсыс? — Уæдæ мæ цæстытыл ницы уайы? — фæцъæхахст кодта мæгуыргур. — Нæй! — 0, мæ фыд! — уынгæгзæрдæ цъæхахст фæкодта мæгуыргур, нæ тæригъæд кæныс дæхи Габриелæн? Благъочин бадзой-дзой кодта, цыма йыл абуалгъы хъуыддаг сымбæлди. Æз батындзыдтон æмæ йæ хауын нæ ауагътон. — Табу, хуыцау, дæхицæн, табу! — дзырдта сабыр æмæ ныллæг, цингæнгæ хъæлæсæй мæгуыргур. — Мæ уд дæумæ æнхъæлмæ касти, æмæ ныр мæнæ æрцыдтæ,. дæ рæвдыддзинадимæ, стыр ныфсимæ амæлдзынæн ныр- Асыгъдæг мæ кæн дæ арфæгонд къухæй, дæ рынтæ ба- хæрон. Уадз æмæ де ссудзгæ цырагъ дæхи къухы ахуыс- сæд. Бирæ цæрæнбонтæ мын нал ис, ссыгъдæг мæ кæн! — Габриел! — Уый æз дæн, æз!.. — нæ бауагъта дзурын благъо- чины. — Ды уый дæ, мæ уд рагæй æнхъæлмæ кæмæ ка- сти! Бузныг дæ хæларзæрдæйы тыххæй! Саргъау мыл, удхæссæг мæ уынгæг кæны. — Ацы уагмæ дæ цы æрхауын кодта? — æнкъардæй бафарста благъочин. Адкæй хуылфы дæр хуыцауы дæдтæггагæй цы арт судзы, уый, дæхæдæг мын иу хатт куыд загътай, аф- тæмæй. Афтæ ’нхъæл дæн иннæты тыххæй ницы зонын. Зиареба мын ратт, дæ рынтæ бахæрон. Цæст нæ уарзта благъочинмæ бакæсын: уый афæ- лурс, йæ цæсгом æртхутæгау цъæх фæлурс, йе ’взаг нал тасыди, йæ бон иу иыхас сдзурын дæр нал уыди. Цыма мæгуыргуры æнамонддзинæдты тыххæй аххосджын иу- уылдæр уый уыди, афтæ зынди. Благъочин ницы уал загъта æнамонд мæгуыргурæн, мур дæр ницы уал, стыхстн, мæгуыргурæн зиареба цæттæгæнгæйæ. — Удхæссæг мæ нæ бауадздзæн мæхи ссыгъдæг кæ- нын, — загъта мæгуыргур, — фæсмон сыл кæнын сега- сыл дæр, ныххатыр мын кæн æмæ æнæсаргъуыдæй мæ тæригъæдтæ æмæ мын аккаг скæи зиареба. — Уадзын дын дæ тæригъæдтæ!.. — Аст лæджы бастъыгътон! — Хатыр дын сæ кæнын!.. — Иу лæджы та маргæ акодтон!.. — Хатыр сæ кæнын ам, уым та хуыцауы уынаффæ 284
сЫХхæст уыдзæн! Æз дæу тыххæй кувдзынæн, æнамонд Габриел. — Кæд æмæ мын сæ ды ныххатыр кодтай, — цин- гæпгæ сдзырдта мæгуыргур, — уæд мын сæ хуыцау дæр лыббардзæн, уый иудадзыг дæр де ’взагæй куы дзырд- та! Кæд æмæ аккаг дæн, уæд мын зиареба дæр ратт. — Мæнæн уый у мæ буар, саст чи цæуы дæу æмæ бирæты тыххæй, мæнæн уый у мæ туг æмæ дæу æмæ бирæты тыххæй чи кæлы тæригъæдты ныббарыны тых- хæй. Айс æмæ йæ бахæр, — æгъдауджынæй загъта бла- гьочин. — Табу Чырыстийæн, — бакодта мæгургур зæрдæ- хæларæй, — саккаг мын кæн ныр зиареба, мæ фыд! Благъочин байдыдта дины чиныг кæсын, систа зиа- реба, мæгуыргуры раз æрзоныгуыл кодта, бадардта йæм зиареба уидыджы æмæ лæхстæгæнгæйæ бакодта: — О, хуыцау, фыдудгæнджыты сæрылхæцæг! Дæуæй ныфсджыны æрхъуыды кæн, дæ паддзахад куы æрцæ- уа, уæд. — Æрхъуыды мæ кæн, хуыцау, æмæ мæ фервæзын кæн! — скуывта мæгуыргур æмæ загъта благъочинæн: — Нæ, дæ рынтæ бахæрон, афтæ, хуысгæйæ, мæ нæ фæнды зиареба исын! Рæсугъд ; нæу мæ фервæзынгæ- нæг æмæ ме’ ’ххуысгæнæджы раз афтæмæй, арфæгонд уæд йæ хæрзиуæгджын хæларзæрдæ! Фæнды мæ раз- дæр уымæн балæхстæ кæнон æмæ дзы хатырдзинад ра- курон. — Сфæлвæрдта сыстыныл, бауадыстæм æмæ йын баххуыс кодтам йæ зонгуытыл слæууынæн, куыд æй фæндыд, афтæ. Йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. Лæхстæ цæстæнгасæй скасти арвмæ, йе ’рттæ айтыгъта æмæ æн- къардæй сдзырдта: «Ма мæ ферох кæн, хуыцау, ды куы æрцæуай дæ паддзахадмæ, уæд!». Стæй, дæлгоммæ æр- хаугæйæ, ныккуыдта; дзæвгар фæцис афтæ æмæ-иу æр- мæст йæ уынгæг богъ-богъ райхъуысти хаттæй-хатт. Иæ богъ-богъ нал хъуысти фæстагмæ. Благъочин æргуыбыр кодта, цæмæй йыл схæцыдаид, фæлæ йæ къæхты раз мæгуыргур амард афтæмæй. Афтæ уыцы æнамонд зиареба дæр нал райста, уый тыххæй дæр ын рæстæг нал фæци. Петербург. 1859 аз.
АУЫНДЗÆН БЫНАТ (Чысыл хабар) I Уыдис æмбис сæрд. Быдыртæ æмæ къуылдымтæ æга^ сæй баруадысты хуры тæвдæй. Сæ хуыз аивтой. Мах цы хабарыл радзурынмæ хъавæм, уый райдыдта тынг тæвд боны. Хур йæ зынг цæстæй сыгъта бæстæ. Зæхх тæвд торнейы æндæвд кодта. Фырæнтæфæй адæймаг нал фæрæзта улæфын. Ахæм боны сæны уæрдæттæ лæууыдысты рæгъ-рæгъы Лочъины архы цур. Архы дон афтæ фæцух, æмæ ма зына-нæзына рацæйхъуызыд дурты ’хсæн уырыл. Тæригъæддаг уæрдонджынтæн ни- цы уал уыдис сæ бон фырæнтæфæй æмæ дæлгоммæ ныддæргъытæ сты сæ къонкъилатыл* урæд уæрдæтты бынты. Се ’ппæт фынæй кодтой, — æрмæст дыууæ лæп- пуйы, сæ фæтджитæ уæлæмæ счъил, афтæмæ лæууыды- сты малы кæрон æмæ къустæй калдтой дон хæлиудзых, æнтæфæй уынгæг къамбецтыл. Къамбецтæ малы ныф- фæлдæхтысты. Цъус æддæдæр æрымбырд сты галтæ, лæууыдысты малы фарсмæ, цъындцæстæй сынæр цагъ- той æмæ сæ къæдзилтæй сырдтой æнæнцой бындзыты. Хур акъул. Хъарм, æнцад уæлдæф змæлын байдыд- та. Уыцы æгомыг бынат сызмæлыд. Сызмæлыдыстьг уæрдонджынтæ, сæ цæстытæ æууæрдгæйæ, сæ цæсгæмт- тыл дон бакалдтой æмæ ’рбаскъæрдтой сæ хайуантæ ифтындзынмæ. Уыдон, куыддæр тæвд фæсаст, афтæ апырхысты быдырты æмæ æууылдтой хурæй сыгъд кæр- дæг. «Æсс, раздæх, æнæхицау фæуай... Дæ хицау...» * Къонкъила — уæрдæттыл разæй уырдыгмæ ауыгъд æнцойгæ- нæн. 286
^Емæ зендæр ахæм, уымæй дæрзæгдæр ныхæстæ хъуы- сти уæрдонгæстæй. Баивтыгътой уæрдæттæ, раззаг уæр- донгæс бавзыста галтæм галдæрæн ехсæй. Куыддæр» уæрдон фезмæлыд, афтæ комгæронæй æрбахызти фæн- дагмæ дыууæ лæппуйы, сæ дыууæйыл дæр уыдис сал- даттаг сгæллад «курткæтæ». Сæ иуы сæрыл уыдис æнæ- хъуаджы стыр кæсгон худ. Худ афтæ æрхаудта уыр- дыгмæ, æмæ æнцои базонæн уыдис, худы хицау æндæр кæй уыди, йæ дарæг та æндæр. Иннæуыл та уыдис фыц- цагон салдатгаг æнæказирок худ. Кæсгон худджын уыдаид 16—17 аздзыд, иннæ та. 14—15 аздзыдмæ æввахс. Хисдæры цæсгом ницы ахæм рæстмæ цæстæнгас, æвдыста: къæрис, тъæпæн роцъо, лыстæг цыргъ æмæ йе ’нæрынцой цæстытæ уысмæн тъæ- бæртт кодтой. Æргом зындис, ацы лæджы цармы цæй- дæр ницæйаг зæрдæ æ^мбæхст кæй ис. Иннæ та, кæс- дæр, хисдæры ’нгæс дæр уыдис æмæ цыма нæдæр уы- дис, уый хуызæн уыд йæ цæсгомы иуæй-иу онгарæзтæй,. фæлæ цыма зæрдæмæдзæугæ дæр уыдис. Иæ егъау, арф цæстытæ цъæхснаг каст кодтой. Уыдис æлхынцъæрфыг, зæрдææмбæхст, цыма цæуылдæр тыхсы æмæ архайы, цæмæй йын йæ мидтыхст мачи базона. Фыццаг лæпцу ахæм фадварцы уыдис, æмæ хорз лæджы фæдыл куы ацыдаид, уæддæр дзы уадиссаг ницы ахæм рауадаид, фыдлæджы фæндагыл куы ацыдаид, уæд та дзы къæр- ных, тонайæ дарддæр ницы бафæрæзтаид. Дыккагæн та йе ’ууæлтæ æндæр уыдысты. — Уæ фæндаг раст уа, — загъта уæрдонджынтæн хисдæр. — О, бирæ цæрат, лæппутæ, — дзуапп сын радтой уæрдонджынтæ. — Сымах Калакмæ цæут, æвæццæгæн? — Базонæггаг дæм æмбæлы, — хынджылæгау ын загъта уæрдонджынтæй сæ иу. Хисдæр мидбылты худгæйæ айста ахæм хынджы- лæг æмæ йын цыма æхсызгондæр уыдис, кæсдæр та йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта æмæ цæйдæр фыдæх, арв- æрттывдау, азгъордта йæ цæсгомыл, фæлæ уайтагъд йæхи фæурæдта, бæрæг уыд, йæ зæрдæйы змæлд ыл кæй фæтых ис. — Ох, хуыцауы ’лгъыст фæуæд фыд лæг! — фæхъæр кодта хисдæр. — Мах уыдыстæм Тукурмишы скъолайы, мах стæм дыууæ ’фсымæры, æлдары фырттæ... — Бежан! — уайдзæфгæнæгау бадзырдта кæсдæр йе 287
"’фсымæрмæ, йæхæдæг æм ахæм цæстæнгасæй бакаст, ^емæ хисдæр йæ дзырд фæурæдта, кæсдæры зæрдæмæ кæй нæ фæцыд йе ’фсымæры кæцыдæр дзырд æмæ йæм кæй фæфыдæх, уый адыл. Бежан кæд фыццаг йæ ны- хас фæуагъта, уæддæр та уайтагъд райдыдта дарддæр дзурын æмæ йе ’фсымæрмæ нал æрыхъуыста. — Мах, нæ дыууæ, æфсымæртæ стæм, æлдары фырт- тæ, — загъта Бежан, — нæ фыд нын Калакæй иу туман æрбарвыста, куы, дам, уæ рауадзой, уæд-иу уырыссаг повозкæ баххуырсут æмæ рацæут. Мах дæр, — ох, сы- скъуыйа фыд лæджы мыггаг, — иу уырыссаджимæ ба- фидыдтам, аст сомы йын раттам, хъуамæ нæ Калакмæ ныккодтаид. Ракодта нæ, фæндагыл нын иу дуканийы фæрасыг, ракалдта нæ повозкæйæ, йæхæдæг йæ хæдзар- мæ аздæхти, афтæмæй нæ рарвыста. Нæ дзаума æмæ аст сомы æхца дæр емæ ахаста уыцы куыдзы фырт. — Кæсдæр бынтон смæсты, йæ чъылдым азылдта уæрдон- джынтæм, æмæ йе ’фсымæрмæ райдыдта æдзæлгъæд каст, стæй æдзынæг нымдзаст фæцæйныгуылæг хурмæ. — Йемæ ахæм хæрдгæбыд цухъа ахаста мæнæй, æмæ фондз туманы аргъ уыдаид, — райдыдта та дзурын хис- дæр, — цухъа дымды фæуæд, уый бынаты та ног уы- дзæии, мæ фыд цæрæг лæг у... — Кæсдæр æрбазылд йе ’фсымæрмæ ноджы мæстыдæрæй. — Бежан, хорз ныр, æгъгъæд дын фæуæд! — загъта кæсдæр, цыма йын уайдзæф дæр кодта æмæ лæхстæ дæр. Бежан æм уæддæр нæ байхъуыста æмæ та рай- дыдта йæхирдыгонау. — Дыууæ боны æххормаг стæм. Æвзæр ми нын ба- кодта уыцы лæг, йæ хæдзар бастъæла. Ныр ма цы ба- кæнæм ацы æнахуыр бæстæйы? — О, мæ сæр уын амæла, — дзуапп ын ратта иу ас уæрдонджын. — Æнахуыр бæстæйы цæмæн хъуамæ уат, куыд æнхъæлут, тæтæры бæстæйы миййаг куы нæ стут!.. Ацы бæстæ чырыстон Гуырдзыстон у. Кæрдзын дæр уын бахæрын кæндзыстæм, сæн дæр уын баназын кæн- дзыстæм æмæ ма уын хорз минас дæр фæкæндзыстæм. Мæгуыр йæ къона фыдлæгæн, уæ тæригъæды чи бацыд, æндæра сымахæн циу?.Афтæ уæ ныххæццæ кæндзы- нæн Калакмæ, дымгæйы уддзæф дæр уыл куыннæ сым- ■бæла. Кæсдæр йе ’рфгуыты æлхынцъ райхæлдта, йæ та- лынг цæсгом фæрухсдæр, фырдисæй цины хуыз рай- 288
ста, зындис ыл, цыма фыццаг хатт федта хæлар адæй- маджы æмæ ууыл дис кæны. Уыцы ас лæг райхæлдта йæ рифтæгтæ, иу дзул сæ иуæн радта, иу та иннæмæн, иу авджы дзаг та сын сæн рауагъта гыццыл лалымæй. — Бетърейы сæр уын амæла! — райдыдта та уыцы ас лæг, — мах арфæгонд бæстæйы стонгæй къæбыла дæр никуы амард, сымах цæмæй фæтарстыстут? Ахæ- рут, мæ хуртæ! Ныр уал ацы сур къæбæр чъындыдзи- надыл ма бахынцут, ахсæв уын фысы фыдæй ахæм фи- зонджытæ бахæрын кæндзынæн, лæг сæм йæ былтæ куыд стæра. Бетъре сывæрдта сæ дыууæйы дæр йæ уæрдоныл: — цæугæ, — загъта фыццаг уæрдонджынæн. Фенкъуыстис уæрдæтты карауан, срыг ис хус фæндаг. Уыцы бон æх- сæвæрафон уæрдонджынтæ Калачы хæд цур æрурæд- той сæ уæрдæттæ. Æхсæвы Калакмæ нæ бацыдысты, галты æхсæвиуат кæныныл уæлдай хардз ма ацæуа, уый охыл. Уæрдонгæстæй алчи райста йæ уæрдонæй дардæй рахæсгæ суджы лыггаг æмæ арт скодтой. Бетъ- ре сфыхта физонæг йæ гыццыл уазджытæн æмæ куыд йæ бон уыдис, афтæ сын фæфысым. Бахордтой æхсæ- вæр. Фæллад уæрдонджынтæ ныккалдысты иуран æмæ бафынæй сты. Галтæ, къамбецтæ быдыры апырх сты хизынмæ. Æхсæв галгæстæ сæ фарсмæ лæууыдысты æмæ сæ хъахъхъæдтой. Бетъре лæппуты бын байтыдта йæ нымæт æмæ сын загъта: — Сымах æлдæрттæ стут, махау афтид зæххыл лæ- зæрын нæ бафæраздзыстут. Лæппутæ схуыссыдысты, Бетъре дæр чысыл дæрд- дзæф ныффæлдæхти æмæ бафынæй мардау. Æрбабон, арв фæбæлонгъуыз и, уæрдонджынтæ сы- стадысты, фæлæ Бетъре йæ уазджыты сæ бынаты нал ауыдта. Аракæс-бакæс кодта, фæлæ сыл йæ цæст ни- куыуал схæцыдис. — Ох, еу мæ сæр куыд фæцис! — нырдиаг кодта зæ- ронд Бетъре, куыддæр базыдта, лæппутæ кæй ахъуызы- дысты, уый, — куыд фæсайдтой мæ карæн лæджы! Ахъуызыдысты!.. Исты ахастаиккой! Фæлæбурдта Бетъре йæ дзыппытæм, дыууæ дæр кæд уыдысты лыг. Хæлар зæронд лæг æрхæндæгæй бахудтис. — Уыцы дзидзидайтæ мын куыд адавтой мæ фæл- лой, куыд афæлывтой мæ карæн лæджы, — загъта мид- 19. И. Чъавчъавадзе 289
былты худгæйæ, къæмдзæстыгæй Бетъре. — Хъæугæ дæр мын афтæ кæны. Агъæца, куыд тарффынæй бадæн, куыд ницы уал бамбæрстон. О, хуыцауы æлгъыст фæуа зæронддзинад. Нæ, мæ хæдзар, ныр мæ фат хъуамæ аппарон зæхмæ. Мæнгæй мын нæ дзырдта мæ хисдæр фырт: «Дада, базæронд дæ, дард фæндагыл уæрдон- джынæн нал сбæздзынæ». Æмæ æцæг дæр нал сбæз- зыдтæн. Æз та афтæ æнхъæлдтон Агъзеванмæ дæр ацæудзынæн цæхмæ, зæгъгæ. Гъе, уæу-уай, гъе, ныззæ- ронд дæн, ныххæррæгъ дæн... Фæхудинаг дæн, куыд ма равдисон мæхи мæ хæдзары. Уæрдонджын лæг, Калак- мæ сæнласæг, æмæ, дам, æй афистæг кодтой! Уый дæр чи? — Дзидзидай сывæллæттæ!.. Мæ дзыпп мын алыг кодтой. Уæу, еу мæ сæр куыд фæци, йе! — Бирæ дæ ахастой? — афарста йæ чидæр. — Æртæ сом æмæ æрдæг, — дзуапп ратта Бетъре* Ам ууыл нæ мæсты кæнын, лæппу, нæ, уый мæт чи кæ- ны. Ацы худинаг куыд бауромон. Акæс-ма, æнахъом сывæллон мæ бастыгъта, кæмæн æй зæгъон, уый мыл фæхуддзæн, мæ бинонтæ дæр ма сæ худынæй кæм бан- цайдзысты. Сыхæгтæ дæр мæ мæстæй мардзысты. Акæс- ма, фынæйæ мын мæ дзыппытæ ныллыг кодтой! Иу дæр нæ æмæ иннæ дæр, иугæр гуырдзиаг лæг искæйьг худ ныккодта, уæд йæ хъуыддаг афардæг. Пуй, хæй- рæг! Æмæ чи уыдысты, чи? Нырма сæ хъуымыз сæ былтæй калдис... Мæ карæн лæг... Гъе, уæу-уай, гъе! Уыдонæн сойау батайæд, мæнæн та ацы хабар фаг у худинагæн дæр æмæ худынæн дæр. Иæ мидбылты бахудтис ахæм худтæй, цæмæй йæм хъазæгау кастаид ацы хъуыддаг, фæлæ йæм йæхины- мæр та æцæг стыр хардзау каст. II Рацыдис цыппар азы. Уыдис рагуалдзæг. Бетъре та, фыццагæй тынгдæр зæронддæрæй, Калакмæ фæцæйцы- дис уæрдоныл, хъуамæ куыройы дуртæ балхæдтаид. Фæлæ куыд цыдис? Раст фвдцаг куыд уыд, афтæ сæ- рыстырæй, æрмæст ныр æндæр æфсон уыд йæ сæры- стырдзинадæн. Уыцы фыдбылыз ыл куы сымбæлд, уæ- дæй фæстæмæ йæ къух систа уæрдон скъæрыныл, уы- ныс, нал бæззын, зæгъгæ, дзырдта-иу уый йæ фыртæн, зæрдæрхæндæгæй. Ныр-иу сæны уæрдоныл скъæргæйæ 290
бадтис йæ хисдæр фырт æмæ галтæ æмæ къамбецтæй куыста уый. Бетъре йæхæдæг та хъеенау* фæстæдзæг абадтис сæнæй дымст тынг егъау румбийыл. Фæндаджы уасæг** дæр уый фырты уæрдоныл сывæрдтой, фыцца- джы бар дæр уæрдæтты карауаны уый фыртæн радтой. Бетъремæ йæ фырты ахæм кад æмæ йе ’мгæртты ’хсæн ахæм лæгдзинад тынг хорз кастис, буц уыдис уы- мæй йæ зæрдæ, цин кодта æмæ хъуыдытæ кодта: хъæ- мæ куы бацæуон, уæд мæ зæронд æфсинмæ хæрзæггу- рæггаг фæуыдзынæн, нæ фырты нын афтæ кæй скад- джын кодтой, уый тыххæй. Бетъре Калачы иу-дыууæ боны афæстиат. Каруан дæр цавæрдæр хъуыддæгты фæдыл фæкъуылымпы æмæ нæма рахъавыдис Калакæй ранкъуысынмæ. Уый фæ- стæ, загътой: абон изæры ’рдæм хур куыд акъул уа, афтæ, дам, каруан хъуамæ анкъуыса. Бетъре куыройы дуртæ уæрдоныл сывæрдта æмæ сæ баласта, каруан цы кæрты æрынцад, уырдæм. Æмбисбонмæ дæр бирæ нал хъуыдис æмæ уыцы изæр хъавыдысты рацæуынмæ. Уæд Бетъре загъта: «Уæддæр куы ницы кусын, цæй æмæ Авлабары фæзуатмæ азилон, бæстæ у, кæд дзы ис- ты фехъусин». Фæзуаты адæм æмызмæлд кодтой алы хаттау. Бирæ рæтты чыртæй лæууыдысты æмæ хъæлæба код- той. Бетъре дæр иу чырмæ бацыдис, — алæма цæуыл дзæнгæда цæгъдынц, уый базонон, зæгъгæ. Уым фе- хъуыста: куыддæр, дам, сармадзаны хъæр фæцæуа, аф- тæ, дам, Махатайыл иу лæджы æрцауындздзысты, зæгъ- гæ. Бетъре йæ цæрæнбонты никуы федта ахæм хабар, æмæ йыл йæ зæрдæ уыцы ’рдæм ахæцыд. «Бирæ фыдæбæттæ федтон мæ цæрæнбонтъг, — загъ- та йæхинымæр, — цæй, æмæ, уый дæр фенон». — Загъ- та æмæ æцæг дæр ацыдис Махатамæ адæмы фæдыл. Махатайы адæм бындзытау æмызмæлд кодтой. Уым кæронæй иу бæрзонд ран сарæзтой ауындзæн æмæ йæ алыварс лæууыд æфсад. Разæй уæрæх фæзуат уыдис афтид, никæй уагътой æввахс. Бетъре аракæс-ба- кæс кодта, федта æваст бирæ адæм лæгæй, усæй æмæ дис кодта: «Зæгъæм, лæгтæ, дам, мæнау, хъазтмæкæсынмæ æр« * Хъеен — Ираны шах. ** Фæндаджы уасæг — уæрдæтты карауан дард фæндагыл куы цæуы, уæд уæрдæттæй сæ иуыл уасæг сбадын кæнынц, цæмæй уа- сæджы уасын фехъусын кæна карауанæн бонмæ æввахс афон. .291.
цыдысты, а-устыты та, дам, цы хуыцау ралгъыста, цæ- мæ ’рымбырдысты, цы сæ хъуыддаг, дам, у! Фæстагмæ ныллæууыд ууыл: æвæццæгæн, мæнг ис- ты уыдзæн, исты ахæм цæстфæлдахæг джамбаз ми уы- дзæн, зæгъгæ. «Уый дæр мæгуырау нæу, — загъта йæхинымæр Бетъ- ре, — уый хуыздæр уыдзæн, кæннод, дам, лæг æрца- уындзын æцæг цы фенддаг хъуамæ уа? Гæды миййаг куы нæ у. Сис æмæ йæ æрцауындз. Цыфæнды фестæд, хуыцауы конд адæймаг у. Æмæ æцæгдæр уымæн æрæмбырд сты айбæрц сылгоймæгтæ. Сылгоймаджы цæст зыд у цæстфæлдахæгмæ... Ныр мæ уыцы сомихаг куы фæсайдта, лæг} дам, ауындзынц, уæд мæ цы ахаста? Ома, иугæр хъæуккаг у, уæд, дам, тагъд фæсайды уыдзæн. Цæвиттон, фæсайды дæн, уæд цы? Хъазт уæддæр фендзынæн... Фæлæ, хуыцауыстæн, уый куы зыдтаин цæстфæлдахæджы хъазт уыдзæн, зæгъгæ, уæд чизоны нæ рацыдаин, ай-гъай, адæймаджы зæрдæ цырд у тæригъæддаг хъуыддагмæ; адæймаджы ауындзын феныны бæллиц мæ куыд раласта æвæлтæрд уæныгау. Ацы чысыл зæрдæйы цæй бæрц тæригъæд æмæ цæй бæрц фарн зилдух кæны. Бирæ цыдæртæ дзырдта йæхинымæр нæ æнæхъуыд- даг Бетъре. Уый бынтон бауырныдта, ам цæстфæлда- хæн æвдыст кæй уыдзæн. Æндæра сылгоймæгты ам цы хъуыддаг и, науæд сæ чи ’рбауагътаид, зæгъгæ. Æрæджиау чидæр фæхъæр кодта: — «Æрбакæнынц æй, æрбакæнынц!» Фæкаст Бетъре, æмæ уæртæ салдæттæ, иу кæйдæр æрбакæнынц уырыссаг цинелы тыхтæй. —- Гъе, Бетъре! — амыдта йæхæдæг йæхицæн. — Ма сæрра у, хæйрæг дæ ма фæсайæд, æцæг æй ма фен- хъæл!.. Иууыл сайæн митæ сты, фæхуддзысты дыл, зæгъдзысты хъæуккаг лæг у æмæ, дам, фæсайды ис. Уæддæр уыцы ’рдæм йæхи баласта, цæмæй йæ фена æввахсмæ. Абырыд уый бæрц змæлæг адæмы ’хсæнты æмæ кæронмæ ахызтис. Салдæттæ йæ хæд цурты ра- цыдысты æмæ йын йæ рæзты ракодтой цинелы тыхт лæ- джы. — О, хуыцауы ’лгъыст фæуат! — загъта йæхицæн Бетрьре, — æцæг салдæтты хуызæн куы сты! Цы хуызæн пысултæ сыл скодтой! Топпытыл хæцын дæр сын куыд бацамыдтой. Цы нæ рымысдзысты ацы горæты лæппу- тæ„ кæд сты иууыл уырыссаг лæппуты хуызæн. 292
Ацы хъуыдытæ кæнгæ уый ауыдта цинелы тыхты. Уый уыдаид 20—21 аздзыд лæппу. Иæ ног уагъд зачъе- тæ æмæ рихитæ уыдысты лекъаг æлвыд. Йæ цæсгом ныббур. Бетърейы зæрдæйы цæйдæр хъуыды смидæг. — Оу мæнæ! Ацы лæппуйы цыма зонын, хуыцау, æрымысын мын æй кæн. Цымæ йæ кæм федтон? — фæр- сы, фæлæ дзæгъæлы, уымæн æмæ не ’рхъуыды кодта, кæм æй федта, уый. — О, исчи уыдзæн горæты лæппутæй, — загъта фæ- стагмæ. Кæртытæм бон мин адæймаджы цæуы, чи ми- дæмæ, чи æддæмæ, чизоны йæ уым искуы федтон, æмæ лæууы мæ зæрдыл. Ныффæлурс кодта йæхи, цыма йæ æцæг ауындзынц. Джамбаз йæхæдæг уыдзæн æнæмæнг. Нæ, мæ хуртæ, нæ мæ фæсайдзыстут! — Уæ, мæгуыр дæ ныййæрджыты бон, — дзырдтой ас сылгоймæгтæ, — цы æвзонг лæппу у. Бетъремæ дпсау фæкастысты ацы ныхæстæ. — Уый та дын сылгоймæгтæ — даргъ хил æмæ цы- быр зонд! Куыд тагъд фæсайды сты. Сæхæдæг дæр се ’ппæт цæстфæлдах æмæ хингæнджытæ сты, фæлæ уæд, уæд кæсыс?.. Уыдон дæр фæсайды сты. Фæлæ, чизоны, адон дæр мæн фæсайынмæ хъавынц, хъæуккаг кæй дæн, уый тыххæй! О, Бетъре! Дæхи, бахиз, ма сæрра у!.. Ацы ас адæймаджы ма фæхудинаг кæн. Атæппæт адæмы ’хсæн дæхи хынджылæггаг ма скæн. Хуыцау ралгъита ацы горæттæгты, усæй-лæгæй куыд тагъд базонынц хъæуккаг лæджы, цыма йæ ныхыл фыст у. — Цæуыл тыхстæ, æнамонд боны гуырд, — дзырдта иу ус чадраны тыхтæй, — дæхицæн бадтаис æмæ дыл ахæм бон ма ’ркодтаид. О, мæгуыр дæ мады бон, тæ- ригъæддаджы хъæбул. — О, райдай, райдай, де ’взаг схъауын, — дзырдта Бетъре йæхиным’æры, — бауырндзысты мæ цыма дæ ныхæстæ, ома хъæуккаг, дам, у æмæ мæ фæсай, дæ хуыцаумæ скæс... — Уый мын зæгъ, уый! Æндæра лæгæн йæ нывы конд цы фæуа, уый баййафдзæн æнæмæнг, — дзуапп ын ратта иннæ ус, — уый мæнæ амæлдзæн æмæ фæци, фæ- лæ бецау йæ ныййарджытæ, цы цæхæры бахаудзысты, цы! Хуыцау, бахиз алы чырыстон адæймаджы дæр ахæм зынгæй. — Ай цавæр у, — ахъуыды та кодта Бетъре, — цыма дзургæ бакодтой, цы хуыцауы ’лгъыст фесты. Ардыгæй мæхи айсон, æндæра мæ фæхудинаг кæндзысты ацы 293
фыдбылызтæ, мæ хуыцауыстæн, — загъта æмæ йæ бы- нат аивта. Бацыди æмæ ныр слæууыди æндæр къорды ’хсæн. Уым дæр бирæ уыдис сылгоймæгтæ. Иуæй йæ фæнды- дис искæй афæрсын, цы хабар у, уымæй, иннæмæй та куы мыл фæхудой, зæгъгæ, уымæй тарстис. — Цы ’взонг лæппу у ацы æнамонды хъæбул, — загъ- та иу сылгоймаг. — Нырма йыл рæстмæ нæма ’рбабон, афтæмæй йыл афтæ раджы æмæ тагъд йæ хур хъуамæ баталынг уа. — Цы зынджы судздзæн ныр уымæн йæ мады зæр- дæ, о, хуыцау, ахæм бон мын макуы фенын кæн, — ба- дзырдта йæм иннæ ус, йæ риу хойгæйæ. — Йеу мæ сæр фæуа!.. — загъта йæхинымæры Бетъ- ре чысыл мæстыдæрæй. — Цымæ мæнмæ æрывдæлды- сты атæппæт адæм æви замана сымбæлд мæ сæрыл. Се ’ппæт афтæ тагъд куыд баиу кодтой сæ дзырд! 0, хуыцау, æгайтма никæй бафарстон. Хæрзаг мæ худæ- джы бын фæкодтаиккой, и! Ей, Бетъре, дæхи бахиз, ма дæ фæсайæнт, ма схынджылæггаг кæн дæ сæр. Æв- дæлон адæм кæй фæхонынц, уыдон раст ацы горæттæг- тæ сты: се ’ппæт мæнмæ куыд æрывдæлдысты, хуыцау сæ ралгъита! Дзырдта Бетъре йæхинымæр, æмæ æцæгдæр афтæ æнхъæлдта, цыма се ’ппæт уымæ æрывдæлдысты, хъæук- каг лæг у æмæ йæ схынджылæггаг кæнæм, зæгъгæ, уы- донæй дæр та алыгъд æмæ та нæуæгæй аивта йæ бынат. Уымæй зындæр ма цы хъуамæ уа, хъуыды сæры ми- дæг размæ тындзæг бæхау куы ныххæцы исты зондæй йæ идоны къæбæлтыл æмæ куы ахæцы фæрсы ’рдæм. III Уалынмæ уыцы цинелы тыхт лæппуйы æрбакодтой æмæ йæ ауындзæны бын æрлæууын кодтой. Иæ иу фарсмæ балæууыд сауджын, йе ’ннæ фарсмæ та иу цæйдæр чиновник, сырх хæдонджын удмар та лæууы- дис фæстейæ. — Сауджыны та цы сæрра кодта, — дзырдта йæхи- цæн Бетъре. — Ай æвæццæгæн сомихаг сауджын у, æн- дæра æцæг сауджын ахæм ми йæ сæрмæ куыд бахæс- ’дзæн. Уыцы сырх хæдонджын та чи хъуамæ уа? Чизо- •ны æмæ сæ сæйрагдæр джамбаз уый у! 294
Чиновник систа гæххæтт æмæ йæ бакасти. — Ай хины аргъуыд уыдзæн, — загъта Бетъре йæ- хицæн. — Æнæмæнг хин кæнынц, фенæм, кæддæра аф- тæ нæ уаид. Уæдæ хорз хабар уыдзæн. Уый фæстæ сауджын цыдæртæ загъта цинелы тых- тæн. Бетъре йæ хъустæ фæхъил кодта, йæ къах-къух- тыл слæууыд, фæлæ дард лæууыдис æмæ дзы ницы бамбæрста. Пæлæзы тыхтæн раластой йæ цинел, скодтой йыл урс хæдон йæ сæрæй суанг къæхты бынмæ, афтæ æмæ йæ цæсгом дæр нал зындис. Сырх хæдонджын удмар бараст кодта цасм ауыидзæныл, стæй бавæрдта асин ауындзæны цæджындзмæ. Æрбазылд æнамондмæ, ас- хуыста йæ размæ, схизын æй кодта асиныл, æрбахæцыд цасымыл, сæр дзы куыд акодтаид лæппу. Адæм фæ- гуыппæг сты, цыма уый æппæтæн сæ зæрдæйы цавд банцад бынтондæр. Удмар ын йæ сæр атъыссын кодта цасмы, райста йын йæ къæхты бынæй асин æмæ йæ асхуыста къухæй. Адæм арф æмæ къуырма улæфт скодтой, æвиппайдæй йæ сæрыл тæвд дон кæмæн ауагъдæуы, ахæм лæгау... Æнамонд лæппу ауындзæныл æрдзедзлой, афтæмæй байдыдта хъеллау æмæ тæлфын. Бирæ фæтылдта, мæ- гуыр, йæ къæхтæ. «Райсоммæ дæр афтæ куы цæгъдай дæ гæндзæхтæ, уæддæр мæ нæ бауырндзæн», — дзырдта йæхинымæр Бетъре. Иу минуты размæ æдзæмæй чи лæууыдысты, уыцы адæм ныр хъæлдзæгæй дзæнгæда цагътой, хынджылæг дæр ма кодтой. Фехæлдис адæмы æмбырд, апырх сты быдыры. Алчи йæ хæдзары ’рдæм арастис. Алчидæр, цыма разы уыдис, ацы худинаггагæн æмæ зæрдæ знæт- гæнæн хъазт кæй федта, ууыл. Бетъре аракæс-бакæс кодта æмæ федта, иууыл цæуынц фæйнæрдæм, æфсад дæр рацыдысты, æрмæст ма дыууæ хъахъхъæнæджы баззадис ауындзæны цур. Уыцы сырх хæдонджын адæй- маг дæр аивта йæ дарæс, акодта йæ уæлæ æндæр цы- дæр пысултæ æмæ рафардæг. Ауындзæныл баззад æнæ- змæлгæ ауыгъдæй уыцы æнамонд боны гуырд. Бетъре джихæй аззадис фырдисæй. — Ау, æндæр ницы? — загъта йæхицæн. — Ай ницы хъазт уыди. Чизоны цæстфæлдахæн ми уыдис æмæ лæ- джы бæсты голлаг æрцауыгътой, фæлæ къæхтæ тилын та?.. Æмæ йын телтæй нæ сарæзтаиккой, æви цы? Тел- 295
тæй, кæд дæ фæнды, лезгинкæ дæр акафын кæндзыстыГ Уæддæр ницы ахæм диссаг уыдис, дзæгъæлы ныффæ- стиат дæн... Ам мыл сайд æрцыд. Кæрты мæхицæн куы бадтаин, хорз куы сфынæй кодтаин, уæд хуыздæр нæ- уыдаид? О, æмæ æз цыфæнды фæуон, фæлæ аппæх адæм куыд федылы сты. Кæд æй миййаг æрцауыгътой, уæд та? Æммыст бафарстаин искæй. Фæхудтаиккой мыл... Æмæ гъа, чи зоны? Адæм афтæ хъæлдзæгæй дзæнгæда цæгъдгæйæ куы фæцæуынц, уый та чердæм бамбæрстæуа, кæд æцæг искæй æрцауыгътой, уæд куыд дурзæрдæтæ сты, сæ хæдзæрттæ фехæлой, иу цæсты сыг сæ куы никæмæй æрхаудта. Цыфæнды уæд, хуыцауы конд адæймаг у, гæды миййаг нæу. Фæлæ ацы сылгой- мæгтæ бынтон куыд æрæмбырд сты ацы ранмæ!.. Стыр гуырысхойыл фæци. Ныр ууыл мæт кæны, цæ- мæй базона æцæг цы федта, уый цæстфæлдахæн æмæ мæнг æрцауындзын уыдис, æви æцæг æрцауындзын. Раст уын зæгъон, фыццаг йæ хъуыды афтæ уыди, æмæ йæ куы фæсайдтаиккой, уæд æм-уый хардзаудæр каст: цæстфæлдахæг куыд хъуамæ равдиса рæстдзинады ’фсон мæнгдзинады мæ карæн лæгæн. Рæстдзинад та мæнг куы разындаид, уæд уый ницы кæны, зæгъгæ,. ууыл тынгдæр разы кодта Бетъре. Уæддæр æй тынг фæндыцис рæстдзинад базонын. Бирæ хæттыты сфæнд кодта, цæй æмæ аййафон ис- кæй æмæ йæ æрфæрсон, зæгъгæ; цалдæр хатты æййаф- гæ дæр бакодта кæйдæрты бафæрсынмæ, фæлæ-иу уай- тагъд фæкъуылымпы: Нæй, мæ хъæбулы стæн, фæхуд- дзысты мыл, фæлтау, дам, мæ зонды фæдыл ацæуон, афтæ хуыздæр уыдзæн, зæгъгæ. Ахæм хъуыдытимæ фæцæйцыд Бетъре Авлабары кæртыты ’рдæм. Фæндагыл федта дукани. Дуканийæ- хъуыстис адæмы хъæлæба. — Цæй бацæуон, кæддæра цы дзурынц абоны хабарыл. Ахъуыды кодта: цъус ис- ты дæр ахæрдзынæн, райсомæй нырмæ къæбæры хъæ- стæ нæ дæн, зæгъгæ. Бацыдис, æркуырдта æрдæг литр- сæн, ралыг кæнын кодта хус кæф, сбадтис къуымы æмæ цæлмæ бавнæлдта. Куыддæр æрбадтис, афтæ йæ хæд фæдыл бацыдис иу лæппу-лæг нымæты тыхтæй. Ацы ног æрбацæугæ лæг ракуырдта фыссæнтæ, гæххæтт, æрынцой кодта тæрхæгыл æмæ райдыдта фыссын. Бетъ- рс! ногæй нымдзасти ног уазæгмæ. — Оу, мæнæ диссаг, кæмдæр ма федтон ацы лæп- пуйы, — дзырдта йæхинымæр. Лæппу йæхæдæг æнæ- 296
сæрысдаргæ фыста фыстæг. Уыцы хуызæнæй ацыдис дзæвгар рæстæг. Бетъре æгæр кæй фæстиат кодта, уый йæ- фæсонæрхæджы дæр нæ уыдис. Лæппумæ кæсгæйæ аф~ тæ уæззау æууылдта, æмæ йæ сихор изæрмæ дæр хæрд. нæ фæцадаид. Иæ хъуыды æнæхъæнæй уыцы лæппуйы ’рдæм уыдис: мæнæ диссаг, зонгæ йæ кæнын, фæлæ йæ* ц&уылнæ мысын, — уысмæн фарст кодта хинымæр йæ~ хи æмæ лæппуйæ йæ цæст нæ иста. Хур дзæвгар акъул ныгуылæны ’рдæм, фæлæ Бетъ- ре, уыцы лæппу чи уг, ууыл дис кæны æмæ не ’змæлы йæ бынатæй. Фæстагмæ æндæр гæнæн куы нæ уал уыд, уæд фестад Бетъре, уыцы лæппуйæ æнæисты базонгæ, бацыдис дуканигæсгæ, бафыста йæ хардз, иухатт ма бакаст лæппумæ æмæ цырдгомау райста йæхи Авла- бары ’рдæм. Дзæвгар бауайын ма йæ хъуыдис кæрты- тæм, афтæ йын фæстейæ чидæр йæ уæхск æркъуырдта. Бетъре фæзылд, æмæ та мæнæ уыцы нымæты тыхт бæрзонд, æвзонг лæппу, йæ худ йæ цæстытæм æрбы- рыд, афтæмæй. — А, айс ацы фыстæг! — загъта йын лæппу æмæ йын йæ къухты фæсагъта гæххæтт. Кæд дæхæдæг кæ- сын нæ зоныс, уæд æй бакæсын кæн искæмæн æмæ йæм хорз байхъус: абоны хабар ацы фыстæгæй базондзынæ» Куыддæр уый загъта, афтæ фæстæмæ фæзылд æв- зонг лæппу æмæ кæд стыр сачъехæй цыд, уæддæр аф- тæ цырд иста размæ йæхи æмæ йæ Бетъре згъоргæйæ- дæр нæ баййæфтаид. Бетъре ма йæ фырдисгæнгæйæ ба- фæрæзта афтæ афæрсын: — Лæппу, чи дæ, уæдæ? Дæ ном мын уæддæр загъ- таис. — Фыстæг дын æй зæгъдзæн, фыстæг, — æрбахъæр æм кодта нымæтджын, йæхæдæг афтæ азгъордта æмæ фæстæмæ дæр нал фæкаст. Ныр æй æрхъуыды кодта Бетъре, æрдæбон ауын- дзæны цур иу лæппу нымæты мидæг иугæндзон йæ фарсмæ сагъдæй лæууыдис, кæдæм-иу бацыди Бетъре, уый дæр та-иу уым февзæрди. — Акæс-ма, — загъта йæхицæн, — уайтагъд бафип- пайдтон, цыдæр хабар кæй у, карк йæ цъиуты алываре куыд зилы, уый дæр афтæ мæ алыварс зылдис, уый; дæр нымæтджын уыдис, уымæн дæр афтæ æрбырыд йæ- цæстытæм йæ худ. Æнæмæнг æрдæбоны лæппу у, кæд: дæ фæнды хæснаг скæнæм. 297
Чемæ хæснаг кодта, уый нæ зоны, æрмæст уый фед- тон, æмæ фыстæг йæ къухты ратил-батил кодта, афæл- дæхтытæ йæ кодта, нывæрдта йæ йæ дзыппы æмæ загъ- та ахæм бæллицæй: — Гъей, джиди, чиныг кæсын куы зонин, уæд абоньг хабар ацы фыстæгæй бамбæрстаин, чизоны сайгæ дæр мæ кæны, æмæ уæд цы? Иæхи фæсайдзæн уæд, мæныл цы цæуы? Иæхæдæг ацыди, кæм ма мыл фæхуддзæн. IV Иæ цыд фæтагъддæр кодта Бетъре Авлабары кæр- тыты ’рдæм. Иæ зæрдæ нал лæууыдис, базона, цы уы- дис фыст фыстæджы. Иæ фырт хорз зыдта чиныг кæ- сын, сауджынмæ уыдис ахуырмæ. Бетъре цыдис, фæ- -лæ йæ зæрдæ йæ цыдæй раздæр кодта. — Куыд ныддаргъ ацы хæлæттаг фæндаг, — дзырд- та Бетъре йæхинымæр, — цæуын, цæуын æмæ нал хæц- цæ кæнын. Фæстагмæ куыддæртæй бахæццæ. Йæ хид цъыкк- цъыкк кодта, улæфын нал фæрæзта фырфæлладæй. Аракæс-бакæс кодта, фæлæ никæй уал федта. Уæрдон- джынтæ апырхысты, базармæ ацыдысты, чи цы хъуамæ ’балхæдтаид йæ хæдзарæн, чи — цы. Бетърейæн æхсыз- тон уыдис, кæрты кæй никæй баййæфта, уый. Æхсыз- гон та йын уымæн уыдис, æмæ йæ фырт уым æввæхсты хъуамæ разындаид иунæгæй, уымæн æмæ уый горæты ницы хъуыддаг уыдис. Æцæгдæр уым йæ хæд цур тыр- гъы уазал къуымы ссардта йæ фырты; бафæлдæхти уым æмæ фынæй кодта. Райхъал æй кодта. — Сыст-ма уæлæмæ, ацы фыстæг мын бакæс,— загъта йын Бетъре æмæ йæм балæвæрдта фыстæг. Лæппу йæ цæстытæ аууæрста, йæхи аивæзтытæ код- та æмæ райста фыстæг. — Кæм æй ссардтай, баба? — афарста йæ йæ лæппу. ’ — Аргæ нæ, фæлæ æрбацæйцыдтæн æмæ мын æй мæ къухты фæсагътой, — дзуапп радта Бетъре. Æндæр ис- тытæ ма дзырдтаид, уый йæм уæлдай фæкаст. Лæппу байгом кодта фыстæг, райхæлдта йæ æмæ дзы кæд разгъæлди гæххæтт æхцатæ. Дисы бахаудтой «фыд æмæ фырт, ай цы хабар у, зæгъгæ. Лæппуйы фæн- дыдис æхцатæ банымайын, йæ фыд æм феххæлыдис æмæ йын загъдæмхасæн загъта, йæхи нал урæдта, аф- тæмæй: 1298
— Цафон æхца нымайын у! Бакæс уал, дын, зæ- гЪын, цы фыст дзы ис, мæнæ мæ зæрдæ йæ агъудæй сХауы, нал уромын мæхи. Лæппу райдыдта кæсын: «Абон цы лæппуйы æрцауыгътой, уый уыдис ме ’фсымæр...» — Цы дам? — фæурæдта йæ арвдзавды хуызæнæй #мæ æвиппайды ныффæлурс.— Æрцауыгътой, дам, æй!.. Уæдæ æцæг уыди уыцы хабар! Адæм та уæдæ цæуыл чыр-чыр кодтой... Бакæс, бакæс, æммыст уый куы нæ йæ федтаин. — Дада, цы дзурыс! — дисгæнгæ йæ афарста йæ фырт, — куыд фæлхаст æмæ хæццæ ныхæстæ кæныс?! — Бакæс, дын, зæгъын, æз цы дзурын, уый мæхæ- дæг зонын, — загъта Бетъре мæстыйæ æмæ зæрдæрхæн- дæгæй. Мæгуыр зæронд лæг зыр-зыр кодта, цыма тæф- сæгæй рызти. Лæппу йæ сæр банкъуыста, мæ фыдыл цы ’рцыдис, зæгъгæ, æмæ та райдыдта кæсын: — «Нæ фыд уыдис иу мæгуыр азнаурийы фырт. Куы амардис, уæд мах дыууæ æфсымæрæй гыццылтæй баз- задыстæм. Нæ мад уайтагъд мой скодта. Ахаста йæ иу чидæр азнаурийы фырт. Уый куыста горæты. Нæ фы- дæй нын цы зæхх баззад, уый уадиссаг бирæ нæ уы- дис, фæлæ уæддæр уый фæрцы нæ бон бауыдаид ад- джын, æнæмæт къæбæр хæрын. Фæлæ уыцы зæхх нæ мады мой байста, фæуæйтæ дзы кодта, фæраив-баив дзы кодта æмæ мах афтидæй ныууагъта. Цалынмæ гыц- цылтæ уыдыстæм, уæдмæ хъæуы лæзæрдыстæм æнæ- хицауæй, уыдон та горæты цардысты. Куы-иу æрбацы- дысты, уæд-иу нын надæй нæ царм стыгътой. Бæгънæ- гæй, бæгъæввадæй æмæ æххормагæй хъеллау кодтам хъæуы дыууæ кауы ’хсæнты æнæхицауæй. Искæй лæппу дæр-иу мах надта, æмæ нæ мады мой дæр мах надта, иудзырдæй, хионæй-æддагонæй кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ нын нæ сæр хоста. Бирæ æд- дагонтæ æцæг тæригъæд кодтой махæн, мæгуыр си- дзæртæн, фæлæ нын æххуыс ничердыгæй уыд. Уый фæ- стæ чысыл куы фæхъомыл стæм, уæд нæ ратте кодта хæдзарæй нæ мады мой — ратта нæ салдæтты скъола- мæ Тукурмишы. Иудзырдæй, къæвдайæ нæ цыхцыры бынмæ баппæрста. Сцъаммар нæ кодтой уырыссаг æл- гъыстæй, надæй нын сластой нæ уд: фæбыхстам бирæ, стæй нæ бон нал баци, ныххостам æмæ ралыгъдыстæм, 299
бацыдыстæм нæ хъæумæ. Нæ зæронд хæдзарæй нæ æх* хуырст лæппутæ ратардтой, иу æхсæв дæр нын нæ рат^ той уым бынат. Рацыдыстæм дыууæ сидзæрæй ады дардыл зæхмæ. Æнæ кæрдзын, æнæ ’хца, æнæ хæдзар, æнæ рæвдыд, æнæ хицау. Кæй зæрдæ фæрыстаид ма* хыл? Мах алкæмæн дæр уыдыстæм æцæгæлон, алчй та — махæн. Райстам нæхи горæты ’рдæм мæстыйæ, рæстдзинад кæмæ нæй, уыцы дунемæ зæрдæцъæхæй. Сызнаг стæм се ’ппæтмæ: нæ мады моймæ, нæ мадмæ, æвзæрмæ, хорзмæ, дæумæ æмæ æндæртæм. Чысылтæ уыдыстæм, иууылдæр уыдтой, куыд æфхæрдтой мах æр- гомæй, фæлæ ничи рахæцыдис нæ сæрыл, ничи фæци не ’вварс, ничи скодта сыбыртт. Нæ тæригъæд алчи айста йæ бæрзæймæ. Канд нæ мады мой нæ, фæлæ сымах уе ’ппæт стут не стигъджытæ, сымах уе ’ппæт фесæфтат мах. Цалынмæ гас дæн, уалынмæ фиддзынæн алкæмæн йæхион, стæй куы амæлон, уæд хуыцауæн раттæм не ’ппæт дæр дзуапп, не ’ппæт дæр уырдæм цæуæм æмæ уым æрлæудзыстæм кæрæдзи ныхмæ. Уым рабæрæг уы- дзысты раст æмæ зылын. Хуыцау зæрдæйы цæй бæрц сгары, уый бæрц хъуыд- дæгтæ не ’сгары. Уым тæрхон зыгъуымы ’рдæм нæ аз- дахдзæн. ...Хъуыды ма кæныс, цыппар азы размæ Лочъины æрхы кæрон уæ уæрдæттæ куы рауагътат? Хъуыды ма кæныс дыууæ лæппуйы уæ разы куы ’рбалæууыд? Уы- дон уыдыстæм мах, дыууæ боны æххормагæй. Мæ мæ- гуыр æфсымæр Бежан кæй хуыдтон, бирæ гæды ныхæ- стæ фæкодта, уæд... Уый хъыг кастис мæнмæ, уый мæм худинаг касти, фæлæ ницы мæ бон баци. Мæ тæри- гъæддаг æфсымæр хивæнд уыди, æнæсæттон æмæ уыи- мæ, мæ бон бакæла, зыд зæрдæ дæр уыдис. Хуыцау мын æй ныббарæд уыцы иунæг уд, мæ иунæг туг æмæ* стæг, мæ иунæг æфсымæр — лæг, мæ иунæг хæрзгæнæг адæймаг, мæ сæрыл йæ сæр хæссæг, мæ уарзаг æмæ- мæныл иузæрдыг. Абон уый мæ цæсты раз гæдыйьг ауыгъд æркодтой... Уый æз кæм ныббардзынæн дуне- йæн, цалынмæ лæджы ном хæссон, цалынмæ лæджьг худ дарон, цалынмæ мæ уд мæ мидæг уа, уæдмæ! Ды уæд мах рисгæ зæрдæтæ барæвдыдтай. Дæ хæ- лардзинады æхцон рухс чысыл ма бахъæуа ныххиза мæ талынг зæрдæмæ, дæ хæлар зæрдæ, чысыл ма ба~ хъæуа, йæхи ’вварс фæкодтаид мæн дæр. Уыцы æхсæв= сæрысуанг нæ бафынæй дæн, фæлыгъд уæд мæ фынæй’^ 300
кæд тьшг фæллад уыдтæн, уæддæр... Ме ’фсымæр куы фестад æмæ дæ дзыппытæ лыг кæнынмæ куы бавнæлд- та, уæд мæ зæрдæ асаджил, нырхæндæг дæн, мæ сæры хЪуын барц слæууыд, фæлæ йæм сыбыртт дæр не ’скод- т0н. «Макæ» йын нæ загътон: уадз æмæ аскъуыйа, лыстæгдæр кæм у, уыцы ран, зæгъын, уый дæр ме ’стигъджытæй у, уый адæймаг куы уыдаид, уæд мæн стигъын нæ бауагътаид, зæгъгæ. Ракъæрных кодтам дæуæй æмæ æрцыдыстæм горæт- мæ. Горæты хорз дæр æмæ æвзæр дæр уæгъдибарæй цæуынц. Дыууæйæн дæр уæрæх фæндаг ис сæ разы. Уый фæстæ ахæм бон нæ рацыд, мах кæд никæй ба- стыгътам. Цыдæриддæр нæ фесæфт, уый фидын код- там, кæуыл-иу аныдзæвдыстæм, уымæн. Уымæй дард- там нæхи, уымæй-иу аныхтам нæ фатæй цæф зæрдæ, нæ уыраугæ зæрдæ. Уæддæр не ’рсабыр сты нæ зæр- дæтæ, цыдæр ма сæ фæндыдис, чердæмдæр ма тырныд- той. Нæй æмæ нæй, нæ бон нæ бацис сæ басабыр кæ- нын. Иу дыууæ азы размæ афтæ рауад хъуыддаг, цыма нæ амонд йæхæдæг бакодта нæ мады мойы хæдзармæ. Нæ мад уæд уым нæ уыдис, йæ мой йæ кæдæмдæр ар- выста хъæумæ. Бабырстам æм æхсæвыгон дыууæйæ æмæ йæ амардтам. Хъуамæ ныппырх кодтаиккам хæ- дзар бынтон, фæлæ нæ бон нал баци. Базыдтой нæ, уайтагъд полици уым февзæрд, æз ралыгътæн, фæлæ мæ мæгуыр æфсымæр се ’хсæн фæци æмæ йæ æрцах- стой. Фæстагмæ куыд рауади, уый ныр ды дæр зоныс: абон, мæхи цæстæй федтон, мæ иунæг æфсымæр, мæ иунæг хæрзгæнæджы мын æрцауыгътой гæдыйы лæп- пынау. Сымах лæууыдыстут æмæ кастыстут фенддаг- мæ хиирхæфсæгау. Æз та кастæн æмæ сыгътæн арты судзæгау, нæ уын ныббардзынæн, нæ, ацы хабар! Уе ’ппæт мын хъуамæ бафидат, кæй фесæфтон, уый. Ме ’фсымæры туг райсдзынæн, цалынмæ ма удыгас уон, уæдмæ. Мæ удхæссæг гас бæстæ, уæлдайдæр адæймаг. Не ’хсæн бынтон ныссастон хид. Æз баззадтæн ацы фарс иунæгæй, сымах та уыцы фарс — бирæйæ. Тæр- хоны бон равзарæд, чердыгæй сты рæстытæ æмæ чер- дыгæй — зылынтæ. Хуыцау зæрдæ зонæг у: цалынмæ хъуыддаг тæразыл æрывæрай, уалынмæ уал ныккæсы адæймагæн йæ зæрдæмæ. Æз мæ фæндаг раст лæджы фæндаг æнхъæлын, раст дæн æви зылын, уый нæ зо- нын. Æрхмæст уый зонын, æмæ ма иу гыццыл тугдадзин 301
уыдис мæ зæрдæйы мидæг æмæ уый дæр абон ауыц. дзæныл аскъуыд. Уымæй цæрæнбонмæ ахицæн дæн ду. нейæ, рагацау саст æндахыл ауыгъд къабузау. Хæрз. бон! Кæд дæ искуы мæ фенын фæнда, уæд-иу æрбацу æмæ мæ ауындзæныл фен, ме ’фсымæры куыд федтай, афтæ. Мæ фæстаг уымæ цæуы. Нæ зонын цæмæн, фæлæ мæм мæ зæрдæ афтæ дзырд. та, дæ разы йæхи куы райхæлдтаид. Ай, райхæлдтон æй, уæдæ, дæ разы, æмæ дойнаг дур рафæлдæхт ма& зæрдæйæ. Де ’ртæ сом æмæ æрдæг дын дæс æвæрæй здахын. Дæ хæлар зæрдæ мын адджын маст нытагъта мæ зæр- дæйы, чысыл ма бахъæуа, йæ дæлбар мæ бакæна, ныр дæр мæ зæрдæйы судзы фæнычы нуæрст зынгау. Уый дæр ахуысдзæн, зонын. Æмæ ды дæр, ома нæ дæ мæ мады мойы æмбал!.. Ды дæр мын ома не ’рцауыгътай мæ иунæг æфсымæры! Ды дæр æй, ома, нæ бакодтай ауындзæнмæ». Лæппу джихæй аззад фырдисæй, фыдæн йæ сур хид. акалд. — Æз та цы кодтон!—фæхъæр кодта тарстæй æмæ- хъæрæй Бетъре, хъæрзгæ-ризгæйæ. Æмæ æцæгдæр, цы кодта нæ зæронд Бетъре, цы ах- хос æм ис ацы хъуыддаджы, уæ хорзæхæй!..
АФОРИЗМТÆ1 Ахæм гутон нын кæм сбæздзæнис, æвзарты уæлæмæ* чи нæ уадза, уыцы хæмпæлгæрдæджытæ æд уидæгтæ- сæ бындзарæй чи нæ скала. I т. 14 ф. * * * Фыд-зыкъуыр адæймаг цас ахуыргонддæр уа, уый- йас тæссагдæр у, уыйас æрхæсдзæн фылдæр фыдбы- лызтæ. IV т. 293 ф. * * * Адæмы тыххæй йæ сæр нывондæн чи рхæсса, уый мард никуы уыдзæн, мæлгæ акæны, уæлæуыл йæ фæ- стæ ном кæмæн нæ баззайы, уый. I т. 291 ф. * * * Нæдæр уый бæззы æмæ чиныг кæсын ма зонай, фæ- лæ æдзух чиныджы хуылфæй ракæс-ракæс кæнай, уый д&р хорзæй ницы д&тты. II т. 291 ф. 1 Афоризмтæ — Тбилис. «Литературули газети»-ы рауагъд. Чи- ныг сарæзта Канделаки Барис. 1962. 303
* * * Иæ истори æрымбырд кæныныл æмæ уый ныффыс- «сыныл кусæг нацийæн йæ фыццаг гакк у: наци рай- хъал, базыдта йæ абоны уавæр æмæ хи цæттæ кæны фидæны зындзинæдтæй хи бахизынмæ. IV т. 20 ф. * * * Æмбæхст низ тæссаг у, æргом низимæ адæймаг ис- ^чердæмты архайдзæн. III т. 427 ф. * * * Удыхъæдæй нарæмон чи у, уый стыр хъуыддæгты цур лыстæг хъуыддæгтæм никуы февдæлы. IV т. 241 ф. * * * Рæстæгыл цы уартæй спайда кæнай, уый дæр, дам, ,-æхсаргард у. I т. 106 ф. * * * Ныры дуджы цонджы тых, едзаг дзыппы бæрц нал •кæрды. I т. 310 ф. Мин-мины мын уыдисæй зæгъынæй мин мын ис зæ- тъынхуыздæр у. IV т. 89 ф. 304
* * * Иу хъысмæты фых, иу историон æфсондзы ивтыгъд, иумæ тохы æхсыст, цин æмæ хъыг иумæ бавзарæг наци удысконд æмæ æнгомдзинадæй у тыхджын. IV т. 9 ф. * * * Къæсæрæй йæ къах æддæмæ чи авæры, уымæй хорз дæр æмæ æвзæр дæр бирæ фæдзурынц. И. Чъ. фондæй. Фыдæлты номæй кадджынуæвынæй, абон йæхиц&н йæ лæгдзинадæй ном чи скодта, уый кадджындæр у. IV т. 263 ф. Абоны онг иу гага кæм зад, уым дыууæ гага чи рза- йын кодта, уый адæймагадæн бакодта æгæрон стыр лæггад. IV т. 245 ф. Адæймаджы номы аккаг ч.и нæ у, уый нæдæр фыд уа, уымæн сбæздзæн, нæдæр мады номы аккаг суыдзæн. Уымæн æмæ ныййарæджы ном хæссынæн æрмæст ный- йарын фаг нæу. IV т. 367 ф. Сæрæй къæхтæм цъыфы змæст адæймаг искæмæ аф- тæ нæ февналдзæн æмæ йæ ма сцъыф кæна. III т. 66 ф. 20. И. Чъавчъавадзе 305
* * * Хаттæй-хатт иуæй-иу цыбыр ныхас æгæр даргъ вæй- йы. II т. 297 ф. * * * Цыдæриддæр агурын хъæуы, уыдонæй сæрибардзи- надæй хуыздæр ницы ис агуринаг. I т. 154 ф. * • » Иæ сæрæй змæстæй цы дон цæуа, уымæн йæ кæро<- ны дæр сыгъдæг дон нæ баназдзынæ. III т. 1 ф. * * * Кæд раст лæг дæ æмæ адæмы уарзыс, уæд ды дæ алцы дæр, уæд дæ æххæст адæймаг... IV т. 299 ф. * * * Нацийæн стыр исбонтæ куынæ уа æмæ ноджы х» стыхджын кæныны фæндагыл куы нæ лæууа, уæд у тыхсаст домбай, æнæ ссыр пыл. VII т. 40 ф. * * * Дуджы къухты кæд фат ис, уæд ды та хæц уартыл; V т. 334 ф. * • • Ацы мæнг дунейы уысмы бæрц дæр куы ’рцъынд кæнай, уæд дæ цард аууæрддзæнис, андийæгтæ нымæт куыд æууæрдынц, афтæ. II т. 253 ф. 306
* * * Кæд дæ кады ном хъæуы, уæд ахæм дыргъ ныссадз, цæмæй дæ райсом исчи зæгъа: «дæ дыргъæй дын фæ- хъæстæ дæн». I т. 106 ф. * * * Иугæр зындзинады бахаудтæ, уæд æртæхатæнон фа- теры нæ, фæлæ хъуамæ бацæуай аичы хъузджы. И. Чъ. фондæй. * * * Хъал (æгъуыссæг) адæймаг хорз у!.. фæлæ уымæ^ та, — æхсæв фынæйæ дæр йæ бæстæйы зынтыл чи тых- сы, уый у... II т. 23 ф- * * * Хиуыл феввæрсын нысан кæны мæлæты къахыл ныл- лæууын. II т. 192 ф. * * * Литературæ йæ алыварсон хорз миниуджытимæ у адæймаджы зонды фæстиуæг, цыран ис нæмыгуыгъд мæнæу дæр æмæ хæмпæлгæрдæджы тауинæгтæ дæр. III т. Г52 ф. * * * Къæбæр адджын вæййы æрмæстдæр гъеуæд, кæд æмæ уый вæййы хиды æртахæй ссарæггаг. II т. 54 ф. 307
* * * Æрмæстдæр стур кæсы зæхмæ. II т, 54 ф. * * * Сыхаджы æнамонддзинадæй хи амонд нæй саразæн. VII т. 271 ф. * * * Адæймагады ивгъуыд дугæй мах æппын хорзæй куы ницы райсæм, уæд сæ цард ницы уыд, уæд сæ цард уыд æнæфтиаг. III т. 12 ф. * * * Дьг дæхимæ ма ныккæс æмæ дæхицæй ма ’ппæл: сгыхы дон, дам, хæрдмæ Ласы». I т. 200 ф. * * * Зондджын лæгæй цæстмæ куы ’ппæлай, уæд æм уый кæсы æмбыд джитрийы хуызæн. VIII т. 290 ф. * * # Цаёстмæ чй феппæлы, уымæн зондджын фæзæгъы: «Уыцы æпп&лæн дзырдтæ дæхицæн уадз, æндæр ран дæ бахъæудзысты». VIII т. 290 ф. * * # Нæхæдæг аразынхъом цы хъуыддагæн- не стæм, уый нын нсчи дæр нæ сараздзæн. IV т. 322 ф. 308
* * * Цыдæриддæр хорз у, — уый стыр у. II т. 294 ф. * * * Калм йæ хæрв цал фæнды хатты дæр ма аивæт, уæд- дæр калм у. II т. 264 ф. * * # Мæн ахæм æхсаргард кæм бахъуыдис, рæстдзинады сæрыл мын къуымых чи кæна. I т. 14 ф. * * * Райгуырæн бæстæ цы фæнды чысыл ма уа, уæддæр ын намысджын лæджы зæрдæйы ис стыр бынат. IV т. 249 ф. Ахуырад у цырагъы рухсы хуызæн. Цырагъ та цы фæнды мынæг рухс куы кæна талынджы, уæддæр хуыс- нæг, фыдгæнæг, æвзæргæнæг афтæ æнхъæлы: уым ныр- ма бинонтæ бадынц æмæ фыдракæнд бакæнын нæ фæ- уæнды. Хорз адæймаг та, уыцы дыдзы рухс фенгæйæ, цин фæкæны, уым, зæгъ, нырма бинонтæ бадгæ кæнынц æмæ мыл хъалæй фембæлдзысты. V т. 200 ф. * * * Цыран хихъæппæрис нæц, уым хицæн адæймаг æмæ æхсæнад дæр у тугдзыд буарау фæлурс, æдых æмæ уды- гасæй марды хуызæн. VII т. 344 ф. т
* * * ...Цин æмæ амонд сты цард, æрмæст æгæр цыбыр вæййынц, тагъд ацæуынц. II т. 309 ф. * * * Уарзт бардзырдтæй не ’рцæуы. II т. 133 ф. * * * Ды — искæмæн, исчи — дæуæн, гъей æуый у царды раст фæндаг. II т. 75 ф. * * * Дæ гуыбынæй йæ ратон, дæ буарæй йæ ратон, стонг—бæгънæгæй цу, фæлæ макуы райс, нырмауал, дæ сывæллоны хъыг, стæй та дæ фыдызæххы хъыг,— гъей, уый хъуамæ уаид алы лæгæн дæр йæ риуы фæй- нæгыл фыст. IV т. 365 ф. * * * Æхца цы наци æмæ цы лæгмæ нæй, уый æхцаджын наци æмæ æхцаджын лæджы цур фæкæны цагъары каст. VII т. 40 ф. Уæвджийæдæр æнæзонд лæджы хæрзиуæг, уæвгæ, куыд афтвд у, куы. III т. 391 ф. 310
* * * Адæймагмæ цас æхца фылдæр уа, уыйас у кæрæф- дæр æмæ æнæфсисдæр. VII т. 271 ф. Адунейыл зындзинад куынæ уыдаид, уæд адæйма- гад дзурын никуы базыдтаид. II т. 283 ф. Бæстæ гæвзыкк уымæн, мыййаг, нæу, æмæ йæ зæхх мæгуыр у, фæлæ бæстæйы зондджын адæймæгтæ кæй «æй, уымæн. И. Чъ. фондæй. * * * Цæрыны гуырд у æрмæстдæр ахæм адæймаг: йæ иу «ъухæй æхсаргардыл чи хæцы, иннæмæй та гутоныл. Æхсаргард хицæнæй сисгæйæ, раст куы зæгъон, уæд тыхджын у, фæлæ иу ран дæр дæргъвæтин рæстæджы цæрын никуы фæразы, кæд æмæ йын цæдисон æмбал гутон нæ уа, уæд. Ут. 122 ф. Бæстæйы тых у æрмæстдæр зондджын, курдиатджын земæ хъæбатыр лæг. IV т. 248 ф. Хорз ракæнын йæ бон кæмæн цас у, уый куы сара* зид, уæд зæххыл иунæг æнамонд дæр нал уаид. IV т. 248 ф. 311
* # * Ды æвзæрдзинадыл хæст дæ æмæ искæй йæ хорз миниуджыты тыххæй уæддæр ма фау. IV т. 248 ф. * * * Арц у стыр æмæ тыхджын, тугмондаг, тугхор, су- дзин та чысыл, хæрз чысыл æмæ афтæмæй у стонг æмæ бæгънæг адæмы æмпъузæг. И. Чъ. фондæй. * * # Мах хæрдты кæсæм æмæ алы зондджын лæг дæр хорз чиныг кæй у, уый нæхицæн бауырнын кæнæм, уый нæ нæ фæнды. II т. 291 ф. * * * Ивгъуыд абоны дугæн у йæ бындур, абон та йæ сомбонæн. IV т. 200 ф. Ацы мæнг дуне иутæн ныййарæг мад у, иннæтæн та дыккаг мад. II т. 323 ф. * * * Дæ сыхагмæ дæ къух радт, баиу ут, иумæ бакусут, кæд дæ адунейыл лæджы цардæй фæцæрын фæнды» уæд. VII т. 271 ф. 312
ЦЫБЫР ХАБÆРТТÆ Иухатт Ерекъле П-мæ мæгуыр зæронд ус бацыд! æмæ дзы радомдта: — Дæ хъæбултæн дæ сæ фыд, мæнæн та мæ дыккаг фыд, иухатт ме ’рдæм дæр ракæс, исты мын баххуыс кæн. — Цы дыл æрцыд, æдзух æххуысы къух куы агу- рыс, — хъæлдзæггъуызæй афарста паддзах, — ау, хъæ- бултæ дын нæй? — Æмæ цы мад уыдзынæн, дæуæн фæдисонтæ куы- нæ схъомыл кæнон, уæд. Авд хъæбулы дын схъомыл кодтон. — Мæ мады хай, худинаг дæм нæ кæсы, авд хъæбу- лы схъомыл кодтай æмæ мæгуыргуры уавæры дæхи да- рыс? — Ех, дæ рынтæ мæ хъуыры аирвæзой, авды бæстьр мын хуыцау иу куы радтаид æмæ дæ хуызæн куы уы- даид. * * * Паддзах Георги Æртындæсæмæн йæ лæггадгæнæг йæхицæй уыд бирæ хисдæр, фæлæ йæ зачъеты иунæг урс æрду дæр нæма уыди. Иухатт æй паддзах бафар- ста: — Дæ хорзæхæй, зæгъ ма мын, мæныл иунæг сау æрду дæр куынæуал ис æмæ æз дæуæй кæсдæр куьг дæн, дæуæн та дæ сæры хъуынты æмæ дæ зачъеты иу- нæг урс æрду дæр куынæма фæзынд, афтæ цæмæн уы- дзæи? — Æгъдау дæр афтæ амоны, мæ буц паддзах! — Ды> паддзах дæ, дæуæн хъуамæ урс, сыгъдæг цæсгом уа, 313
зез та сау лæг дæн æмæ сау цæсгомы куы уон, уæддæр мын ницы у. Иухатт паддзах Ерекъле йæ фæсдзæуинтимæ Кала- кæй цыд Къахетмæ. Хур ма чысыл уыд, афтæ Сагаре- джомæ бахæццæ, паддзах кæсы æмæ иу хуымы змæлы тынг бирæ адæм, уыдон карстой хуым. Паддзах бацы- мыдис æмæ афарста: — Уыйбæрц хуымонтæ кæмæн ку- сынц, зæгъгæ. Загътой йын, — Сагареджойы ис иу фæ- рæзджын зæхкусæг æмæ уый кусджытæ сты. . — О-о, зæхкусæг, — дисгæнгæ сдзырдта Ерекъле æмæ сæ лыстæггай æрфарста, чи у, цы у? — Уыдон ын загътой: у ахæм æмæ ахæм, зæгъгæ. Æмæ ма стæй сæ ныхæстæм бафтыдтой: — уыцы зæхкусæг ахæм лæджы мыггаг у æмæ лæджы куынæ бакусын кæна, уæд ын къæбæр нæ бахæрыи кæндзæн. Ерекъле йæ бæхы рохтыл фæстæмæ фæхæцыд, бар- дзырд радта, уыцы зæхкусæджы мын мæ размæ ракæ- нут, цы лæг у, хъуамæ йæ фенон, зæгъгæ. Æрбакодтой Дæ. Паддзах ын загъта: «Мæ адæмимæ ахсæв нæхи таенæм дæ уазæг». — Уазæг — хуыцауы уазæг, фæзын нæм, дæ рын ба- хæрон, æрмæст мын ныххатыр кæн, быдыры мæм дæ •аккаг ницы ис, хæдзармæ нæм фæзын дæ адæмимæ. Паддзах сразы. Зæхкусæг бæхыл абадт æмæ фатау гатахти хæдзарырдæм. Цалынмæ паддзах хъæумæ цы- дис, уæдмæ æризæр. Фысым паддзахы размæ рацыд æмæ йыл тынг бацин кодта, стæй сæ бахуыдта, схизын сæ кодта зæхбын хæдзары сæрмæ, уый та уыд ног •арæзт, сыджытæй ног æмбæрзт, фæлæ над нæма уыд. Фысым тынг хорз суазæг кодта паддзахы дæр æмæ йæ адæмы дæр. Паддзах æхсæвæр куы бахордта, уæд цæуыны къа- хыл слæууыд, йæ бæхы æрбакæнын кодта. Паддзах бæхыл куы сбадт, уæд зæхкусæгæн раарфæ кодта: — Мæ хур, дæуæй афтæ куы дзурынц, лæгæн, дам, къæбæр нæ бахæрын кæндзæнис, куыницы йын баку- чсын кæна, уæд? — Мæнæй дын раст загътой, дæ рын бахæрон, — æргомæй загъта зæхкусæг. — Ома куыд? Зæгъ-ма, уæдæ, абон дын æз цы ба- жуыстон? .314
— Уыныс, хæдзары сæрыл сыджыт уыд ног калд, уьш ныннæмынæн мæ бахъуыдаид бирæ кусджытæ, уæ- дæ ма мæн уымæй хуыздæр цы хъуыд: паддзах æмæ яоджы уый хуызæн уæздан адæм мын æй сæ къæхтæй #нæаргъæй ныннадтой. Паддзахы зæрдæмæ фæцыд зæхкусæджы дзуапп æмæ йын халат балæвар кодта. * * * Паддзах Гиорги Æртындæсæм Хъазах-Борчаломæ æрцыд æмæ иу уæздан лæгмæ æрфысым кодта. Фысым уыд йæ зæхх æмæ Гуырдзыстоныл æнувыд. Дзырд сæм æрхаудта бæхты хорз мыггагыл. — Хъазах-Борчалойы бæхтæн раздæр сæ ном æгас Гуырдзыстоны хъуыстгонд уыдис, ныр сæм ахæм хорз мыггаг бæхтæ нал фендзынæ. Цы фæуыдаиккой уыцы хорз бæхтæ? — Уыцы хорз бæхтыл уæды хорз гуырдзиæгтæ сбад- тысты æмæ ацыдысты, — дзуапп радта фысым. * * * Иу ардыгон францаг базаргæнæджы бафарстæуыд: — Гуырдзиæгтæ дæ хæс бирæ дарынц? — Бирæ! — Сомихæгтæ дæр? — Уыдон дæр мæ цъус нæ дарынц. — Чи сæ у æууæнкджындæр? — Ныр уын æй куыд зæгъон: гуырдзиаг, раст куы зæгъон, уæд цæсгомджындæр у, сомихаг та — æгъдау- джындæр. — Уый куыд бамбæрстæ уа? — Афтæ: сомихагмæ куы вæййы, уæддæр æдзух хъуыды кæны, цы бакæнон, цæмæй мæ хæс ма бафи- Дон æмæ алы амæлттæ фæагуры, стæй йын æндæр фæ- рæз куынæуал вæййы, уæд сæ бафиды. Гуырдзиаг та æдзух хъуыды кæны: мæ хæсæй чердæм фервæзон æмæ йæм куыддæр исты æрбафты, афтæ йæ хæс æнæбафид- гæ нæ фæвæййы. II т. 575 ф.
ИЛЬЯ ЧЪАВЧЪАВАДЗЕ ÆМÆ ИРОН ÆХСÆНАД Ног гуырдзиаг литературæйы бындурæвæрæг, Гуыр* дзыстоны зынгзæрдæ фырт Илья Чъавчъавадзе æмбис æнусы дæргъы бæрзонд хаста националон-сæрибаргæ- нæг змæлды тырыса, йæхи æмæ йæ ныййарæг адæмы хъару здæхта сæрибардзинад æмæ цардамонды сæрыл хъазуатон тохмæ. Социалон фарстыты æмрæнхъ, националон пробле- мæтæ раст аскъуыддзаг кæныны, Илья уыдта йæ цар- ды иууыл стырдæр нысан. Ацы хъуыды ирдæй разынд, Илья ма студент куы уыд, уæд цы поэмæ ныффыста «Æндæрг», зæгъгæ, уым. Бæрæг куыд у, афтæмæй ма ацы проблемæмæ йæ хъусдард аздæхта йæ иннæ аива- дон уацмысты дæр. Ацы фадыджы хрестоматион ныса- ниуæг лæвæрд цæуы йæ уац «Давид Аразæг»-æн. Гуыр- дзиаг литературон критикæ куыд нысан кæны, афтæ- мæй ацы уацы Илья дзуры æрмæстдæр иунæг фарстыл: Давид Аразæгæн цахæм ахаст уыд чысыл нацитæм æмæ цахæм æмахастытæ саразыныл архайдтой гуыр- дзиаг адæм Гуырдзыстоны территорийыл цæрæг иннæ адæмтимæ. Илья сæрыстырæй фыста, зæгъгæ, ДавиД Аразæг дыууадæсæм æнусы цы прогрессивон хъуыд- дæгтæ арæзта, уыдон æнудæсæм æнусы цивилизацигонд æмæ ахуыргонд Европæйы разамонджытæн сæ бон н# уыд националон политикæ афтæ аив æрнывыл кæцын.^ Илья æппæлы æмæ цыт кæны Давид Аразæгæн уыб тыххæй нæ æмæ куыд номдзыд паддзах, фæлæ куыД удыгъæдæй стыр размæдзыд адæймаг, афтæ стыр арг’Ь кæй кодта æндæр адæмтæн æмæ уыдон религион цæст- æнгæстæн. Давид Аразæг æцæгæй дæр ахæм æмбаргæ политикæйыл хæст кæй уыд, уый бæлвырдгæнæнтяеН 316
Ллья дзæвгар цæвиттонтæ хæссы æндæр æмæ æндæр адæмты азфысджыты дзырдтæй. Сомихаг азфыссæг Мпте Едесаг гуырдзыйы паддза- хы тыххæй афтæ фыста: «Радта нæ хиуонæн алы ныф- сытæ æмæ æхцондзинæдтæ». Вардан Стыр та дзырдта: «Давйдмæ мур дæр ницы хæрамдзинад уыд сомихаг динон ритуалтæ æмæ дзуæрттæм». Давид Аразæджы гоймагон цæсгомæн аргъгæнгæйæ пысылмон фыссæг Аль-Таин дзырдта: «Пысылмæттæн Давид сæхи уæздæттæй стырдæр аргъ кодта». Давид Аразæджы ахæм националон политикæ, Илья- йы хъуыдымæ гæсгæ, уæлдай стыр аргъ скæнинаг дæр уымæн у, æмæ уый ацы политикæ æххæст кодта, йæхи искæй æххуысы сæр куы хъуыдис, мыййаг ахæм рæ- стæджы нæ, фæлæ æппæт Гуырдзыстоны дæр æцæгæ- лон бæстæты æлдариуæгадон æфсондзы бынæй куы ссæ- рибар кодта, уæд. Уый æцæгæй дæр диссаджы цæвиттон уыд æмæ Илья Чъавчъавадзе дæр уымæн зæгъы: — Кæсут, Да- вид Аразæг нын «цы зæрдæмæдзæугæ документ дæтты нæ къухмæ!» Фæлæ иу нацийы иннæйы интерестæн аргъ кæнын канд зæрдæмæдзæуинаг хъуыддаг нæу, фæлæ ма у бафæзминаг дæр. Илья нын нæ зæрдыл уымæн æрлæууын кодта ра- гон римаЬ филвсоф Сенекъайы дзырдтæ: «Цы амонд- джын у, æрмæст йæ цуры уæвынæй нæ, фæлæ ма йæ номы скойæ дæр чи рæвдауы, уыцы адæймаг!» Ахæм стыр ;аргъ кодта стыр Илья Давид Аразæгæн. Илья идеалбй хуыдта ахæм æмахаст, цыран пад- дзахадЫ стыр æви чысыл адæмы хатт дæр куы цæрынц фидыд æмæ уарзонæй, сæ иу се ’ннæйы цагъар æмæ ссæндгæ куынæ фæкæны, фæлæ йæм æххуысы къух куы радтЫ, йæ къух ын куы фæрæвдз кæны йæ национ хи- æмбарынад райрæзын кæныны хъуыддаджы. Ацы факт нын нæ зæрдыл æрлæууын кодта ирæтти- мæ Давид Аразæджы зæрдийаг æмахастытæ. Давид архайдта, цæмæй æнгом ахастытæ сифтонг кодтаид ирон адæмймæ. Профессор Тогошвили Г. куыд фыссы, аф- т*мæй Давид фæд-фæдыл æмæ æнæнхъæлæджы ныб- бырстыты æруаджы Гуырдзыстоны территорийæ фæ- сырдта туркæгты, фæлæ ма цалынмæ уыдонæй Фæс- кайказы мыггаг уыдаид, уæдмæ Фæскавказ æдас нæ уыди’с ног æрбабырстытæй. Уымæ гæсгæ Давид йæ ра.- зы хæс æрæвæрдта, цæмæй Фæскавказæй бынтондæр 317
туркæгты фæтардтаид. Дæргъвæтин хæстытæ æмæ ми- дæггагон змæстытæй сфæлхасуæвæг гуырдзиаг адæмæ^ сæхи хъарутæй ахæм стыр фарст аскъуыддзагкæнын сае бон нæ уыдис, æххуырст æфсад та уыйбæрц ницы къух лæвæрдта. Уымæн уыд рæстæгмæйон характер æмæ алы хицæн хæстон архайды фæстæ йæ тых сæфта. Нæдæр феодалон æфсæддон къордтæй уыд ныфсавæрæн, уы« мæн æмæ сæ къухдариуæггæнджытæн — стыр феодал- тæн арæх паддзахы хицауадмæ уыд оппозицион, зна* гиуæгон ахаст. Илья Чъавчъавадзе хъазуатон тох кодта царизмы колониалон политикæйы ныхмæ. Уый æрмæст Гуырдзы- стоны интерестæй нæ къухдариуæг кодта йæ тохы, фæ- лæ Кавказаг адæмты иудзинады уыдта уыдонæн сæ» хъадамантæ чи хъуамæ ныссастаид, уыцы стыр тых æмæ сæрибардзинад райсыны сæйраг фадат. Ацы идея ис поэмæ «Æндæргы». «Кæд уыдзæн цымæ, æхцондзинад банкъарæм иумæ, —*■ Раст а-бæстыл рæсугъддзинад ног йæ пырхæнтæй, ...Æмæ арвмæдзыд стыр Кавказы адæмтæ иумæ, Иу хъуыдыимæ, иу зондимæ рацæуой хурмæ?! Хæдбардзинады бæллиццаджы араугæ рухс тын Кæд бадон кæндзæн цагъарады згæ хъадамантæ». Илья Чъавчъавадзе адæмты ’хсæн æцæг æмбардзи- над, алы адæмты нацийон хийæдтæн аргъ æмæ цыт кæ- ныны бындурыл домдта уыдонимæ хæларадон æмаха- стытæ биноныг кæнын æмæ фыста: «...Нæ хæрзамонд* нæ сыхаджы хæрзамондыл у баст. Сыхаджы æнамонд- дзинадыл хи амонд самайæн нæй, æнамонддзинад йæ- хæдæг лæмæгъ бындур у». Иу кæнæ иннæ адæмы на- ционалон хийæдтæм амонгæйæ уый фыста: «Алы адæ- мæн дæр ис йæхи хиадтæ, йæхи сагъæстæ æмæ йæхи> бæллицтæ, йæхи домæнтæ, йæхи уды фæндийæгтæ, йæ* хи сæрбæрзонддзинад. Уыцы миниуджытæ æлгъитын у ахæм æдылыдзинад, кæцыйæн ныббарæн нæй цыфæн- ды уавæрты дæр». 318
Илья тынг цымыдис кодта ирæтты цардмæ. 1893 азы, Чысангоммæ йæ балцы рæстæджы уый æрымысыд нæ номдзыд фыдæлтæй бирæты, уыцы нымæцы «Баг- ратъионты артдзæсты хъомыл Чысангомы Ерыстау Шалвайы, диссаджы рæсугъд æмæ уæздан адæймаджы.. Шалва монгойлæгты паддзахиуæджы фыд-заманты дип- ломатион миссиимæ ацыд Сыгъзæрин Ордæмæ æмæ уый хъæппæрисæй садзегураг Навроз Абазайы фырты та арвыстой Иранмæ, сарæзта лымæндзинад ирæттимæ æмæ- Кавказы хæххон адæмтимæ. («Ленинели», 26. II. 1978). Бæрæг куыд у, афтæмæй Гуырдзыстоны стыр фырт арæх цыдис Цæгат Ирыстонмæ дæр. Уый хъæппæрисæй байгом Владикавказы гуырдзиаг скъола. Абон ацы скъола цæры æмæ кусы не стыр фидæны ныфсытæ хъо- мылкæныныл, аразы стыр хъуыддаг — Цæгат Кавказы цæрæг гуырдзийæгты хъомыл кæны сæхи мадæлон æв- загыл, биноныг сын кæны райгуырæн къуымы уарзон- дзинад æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уарзондзинад æф- сымæрон адæмтæм дæр, фыццаг рады та — ацы скъо- лайы иузæрдийон хæлар ирон адæммæ. Уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ нын истори куыд амоны, аф- тæмæй XIX æнусы дыккаг æрдæджы æмæ XX æнусы райдианы Уæрæсейы сæудæджерадон капиталы рай- рæзт, кæройнаг бæстæты колонизациимæ иумæ, Кавка- зы активонæй нынтъыхта материалон æмæ моралов хæрзиуджыты дунейон æрзылды. Ильяйы хъусдард сæйраджыдæр здæхт уыд хохаг ирæтты уæззау царды уавæртæм æмæ ацы фарст æцæ- гæй дæр лæмбынæг сахуыркæныны фæстæ ныффыста æмæ ныммыхуыр кодта уац «Æхсæнадон царды хъæн- дзинæдтæ æмæ уый экономикон аххосæгтæ». Ам уый лæмбынæг анализ дæтты ирон адæмы, фыццаджы-фыц- цаг та хæххон ирæтты экономикон фæстæзаддзинады аххосæгтæн. Илья, куыд экономист æмæ социолог, афтæ ифтонг уыд йæ дуджы раззагондæр идеятæй æмæ æвдыста адæ- мы хуыздæр хъæбулты æнкъарæнтæ æмæ идеятæ. Гъе æмæ ацы фарстмæ дæр бацыдис лæмбынæг æмæ алы- варсонæй. Хохаг ирæтты гæвзыккдзинады аххосæгтыл нымайы хæххон æрдзы зынвадатдзинад æмæ социалон æнæрастдзинæдтæ. «Хохаг уазал уæлдæф, — фыссы Илья, — æмæ хуымзæххыты къуындæгдзинад йæ къух- тæ бæтты царды фæрæзтæ агурæг хæххон иронæн. Зæхх æмæ æрдз ницы дæттынц хъæбæрхорæй дарддæр æмæ 319
уырдыгон ирон лæг дæр йæ царды бонтæ тоны æрмæст хъæбæр хор æркæныныл». Кæй зæгъын æй хъæуы Хуссар Ирыстоны альпон хизæнуæттæ хорз фадат лæвæрдтой фосдарды хъуыд- даг райтынгкæнынæн, фæлæ уæды хохаг иронæн фадат нæ уыдис ацы хъуыддагыл ныххæцынæн дæр. Сæрвæт- тæ хъæздыджыты къухы уыдысты æмæ йын уый аххо- сæй бирæ фос скæныны фадат нæ уыд. «Æцæг у, — ны« «сан кæны Илья, — хохаг ирон æнæфос дæр нæу, ис ын фыстæ, стуртæ, æрмæст се ской аккаг дæр не сты, — .афтæ хæрз цъус, æмæ йын уый йæ экономикæйыл ницы уадиссаг æндавы: урсаг, кусæрттаг йæхи бинонты .фаг дæр тыхæй кæны æмæ дзы базар та цæмæй бакæна...» Илья æнкъары йæ дуджы социалон процесстæ. Уыны капиталистон æмахастыты рæзт æмæ æмбары, уыцы æмахастытæ хæххон иронæн йæ уавæртæ хуыздæры бæ- <:ты æвзæрдæр кæй кæнынц, уый. Æхсæнадон æмаха- стыты æхцайы ролы сырæзт уæззау æфсондзау æрæне цад хохаг ироныл. Уый тыххæй Илья фыста: «Цалын- мæ æхцайы æрзылд не стыхджын æмæ ардыгон ирæтаэд «сæ паддзахадон æмæ æлдарадон фиддонтæ сæ зæххын ты гæппæлтæй райсгæ хъæбæрхоры æмæ мæнæуы хуы- зы натурæйæ фыстой, уæдмæ ма чысыл сæ уд удыл хæ- цыд. Ныр та æппæт адæттæ фидын хъæуы æхцайæ. ■Фиддонтæ æмæ æппæт иннæ хæрдзтæ дæр ныр æхцайæ домынц, æфтийæгтæ та куыд уыдысты, уымæй дæр къаддæр фесты». Уавæр хæххон ироны æхцаагурæг тæры, уымæн æмæ нæ æхцайы сæр бахъуыд: «алы хæрдзтæ æмæ йын фид- донтæ йæ хъуыр бæндæнæй æлхъивынц æмæ йæ хурх .кæнынц, халынц ын йæ мæгуыр артдзæст, афоныл æхца куынæ ссара, уæд. Кæм ссара хохаг ирон æхца? Базар — иунæг бынат продуктты æхцайыл баивынæн. Æмæ хохаг ирон, бар- зенæбары дæр, йæхи бинонты фаг дæр ма тыхамæлт- тæй чи кæны, уыцы хоры къæрмæгæн йæ иу хай базар- мæ ахæссы. Фæлæ та ам дæр æвæндаг æмæ æвадат уа- вæр йæ разы хъен дурау слæууы, бæтты йын йæ къæх- тæ æмæ йæ къухтæ». Илья сæрмагонд хъусдард здахы Хуссар ИрыстонЫ фæндæгты уавæрмæ^ «Æвæндаг уавæры аххосæй ба- зармæ уæймæ кæй рахæссы, уымæй райсгæ æфтиаг фыл- дæр лæууы уæйкæнинагæн йæхи аргъæй»> Илья, Хуссар Ирыстоны хохаг ирæтты зынвадат вдр- 320
дыл дзургæйæ, социалон-экономикон æмахастыты зы- гъуыммæдзинæдтæ дæр рохуаты нæ уадзы. Уый уыны .ардыгон ирон, кæд æмæ иттæг зын климатон уавæрты цæры, уæддæр хæсджын кæй цæуы, фида паддзахы хъа- лон, хъæуы фиддон, зæххы фиддон æмæ æндæр ахæм «æнæмæнг фиддонтæ. «...Уыцы уавæр дæр нæ рох ма уæд, — фыссы Илья, æмæ æппæт ацы фиддонтæ хъуа- мæ бафыстæуа хойраджы тыллæгæй æмæ уæд бамбар- дзыстут, цы стыр зындзинæдтæ æвзары хохаг ирон, уый». Хъусдард аккаг у уый дæр, æмæ Илья кæй фыссы ирон^адæмы, сæйраджы дæр та хохаг ирæтты фыдæл- тыккон традициты тыххæй. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæ- уы, Илья хæрзарæхстгай цæуы ацы фарстмæ. Уый сæм кæсы зæрдæйы цæстытæй, критикон ахаст æвдисы иуæй-иу зæронд æгъдæуттæм, уымæн æмæ адон ноджы уæззаудæр кæнынц æнæуый дæр мæгуыр хоха- джы цард. «Æрмæст марды æгъдæуттæ сæххæсткæнынæн афæ- дзæй-афæдзмæ ирон лæг цы æвæджиау хæрдзтæ фæкæ- ны, уый дæр адæймаджы дисы баппары. Фыдæлты фи- дар æгъдæуттæн ацы хъуыддаджы фехалæн нæй, уæд адæмы ’хсæн фидиссаг фæуыдзынæ, де ’гады ном фи- диссагæн- баззайдзæнис. Æмæ, уый зæгъинаг уыдтæн, æрмæст марды фæдыл афæдзæй-афæдзмæ цы æнæны- мæц хæрдзтæ фæкæны, ууыл дæр куы ахъуыды кæнæм, уæд дисы бахаудзыстæм — ау, цæргæ ма та цæмæй кæ- ны, цæргæ? Йæ бинонты ма та цæмæй фæдары?!» Автор хæххон ироны зындзард æрмæст ныв нæ кæ- ны, фæлæ æнæмæнгхъæуæгыл нымайы уый экономикон проблемæтæ «фæхуыздæр кæнын æмæ рараст кæнын». Илья комкоммæдæр амоны: «Æнæаргъæвинаг хъуыд- даг у, уæлдайдæр та махмæ, цæмæй тагъддæр æрæвна- лой адæмы уавæр фæхуыздæркæнынмæ æмæ ныридæ- гæн ист æрцæуа ахадгæ мадзæлттæ». Æхсæнадон цард арф чи æмбæрста, уыцы куырыхон Ильяйы фидарæй уырныдта ХХ-æм æнус социалон æнæ- растдзинæдтæн кæрон кæй скæндзæнис, уый. Уыцы фы- стæджы ма уый фыста: «Абон хъæздыг æмæ мæгуыры ’хсæн, тыхджын æмæ .æнæбоны ’хсæн раздæр цахæм уыд, уымæй стырдæр гæрæн ис. Æмæ раст ацы судзаг риссаг сдзæбæхкæнын XIX æнус ныффæдзæхста фидæ- ны æнусæн». Октябры революци, кæцы ссис ХХ-æм æнусы иууыл 21. И. Чъавчъавадзе 321
стырдæр цау, æцæгæйдæр кæрон скодта адæймæгты æхсæн æппæт социалон æнæрастдзинæдтæн æмæ экс- плуатацийæн. Алы адæмтæ æмæ адæмы хæттытæн фæн- даг бакодта амондджын цардмæ. Ныр ирон адæм дæр, нæ бæстæйы иннæ адæмты уæхсК-æмуæхск амайы коммунизмы стыр агъуысты га- луан. Иæхи фарсæрдыгæй ирон адæм дæр, кæддæриддæр,, хæлар ахаст æвдыстой сæ сыхаг гуырдзыйы фысджы- тæм. Илья Чъавчъавадзейы амæлæты бонты ирон фЫс- джытæ, Коцойты Арсены сæргълæудæй, Тбилисмæ ных- хастой дидинджытæй фæлыст стыр венок ахæм фысти- мæ: «Илья Чъавчъавадзейæн — хъынцъымгæнæг Иры- стонæй». Зынгæ æхсæнадон архайæг Давид Къасрадзе- йæ мысинæгты «Куырыхон Илья», зæгъгæ, ахæм уацьг афтæ фыссы: «Ильяйы баныгæныны бон Хуссар Иры: стонæй хайад райста сæдæ стай фондз адæймаджы. Æхсызгон хъуыддаг у, ирон чиныгкæсæг алыхатт дæр стыр цымыдис кæй æвдыста Ильяйы сфæлдыстадмæ, уый банысанкæнын дæр. Уый хуыздæр уацмыстæ би- рæтæ кастысты комкоммæдæр оригиналы, гуырдзиагау чи нæ зыдта, уыдон та — уырыссаг æвзагыл. Фæлæ* ирон чиныгкæсæгмæ уый дæр фаг нæ кастис, ирон æв- загыл хъуамæ сдзырдтаиккой уымæн йæ поэмæтæ, æм~ дзæвгæтæ, радзырдтæ. Ирон фысджытæ, тæлмацгæн- джытæ ацы фарстмæ сæ хъус æрдардтой æмæ тагъд. стыр Ильяйы «сдзурын кодтой» сæхи мадæлон æвза- гыл дæр. Нæ æнусы дыууынæм азты, ирон мыхуыры орган куы фæзынд, уæд ирон чиныгкæсæг йæхи мадæ- лон æвзагыл бакаст Илья Чъавчъавадзейы зынгæ уац~ мыс «Лæг у адæймаг», зæгъгæ, уымæй хицæн сæртæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианæй иу аз раз- дæр ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдис æмæ хицæн чиныгæй рацыдис Ильяйы «Мæгуыргуры радзырд». Уыйг иттæг аив æмæ зæрдæбынæй раивта курдиатджын ирон фыссæг Гæззаты Сослан. Хæсты фæстæ азты ноджы тынгдæр сырæзт Илья Чъавчъавадзейы сфæлдыстадмæ ирон дзыллæйады цы- мыдисдзинад. 50-æм азты ирон чиныгкæсæг райста Илья Чъавчъавадзейы æвзаргæ уацмысты иутомонг Мыхуырæй рацыд горæт Цхинвалы чингуыты рауагъда- ды. Ацы чиныгмæ Ильяйы хуыздæр уацмыстæн се ’ппæ- ты бахæссыны фадат кæй нæ фæцис, уымæ гæсгæ 1956 азы Цхинвалы ногæй рауагъдæуыд йæ уацмысты ног 322
æмбырдгонд «Æвзаргæ уацмыстæ», зæгъгæ, ахæм но- мимæ. Ацы æмбырдгонд уыд æххæстдæр æмæ аивдæр фæлыст. Ацы томмæ хаст æрцыдысты куыд поэтикон, лфтæ прозæйон уацмыстæ дæр: «Поэт», «Гутондар», «Базалеты цад», «Гуырдзиаджы мад», «Æндæрг», «Абы- рæг Къакъо», «Бæлццоны фыстæджытæ», «Мæгуыргу- ры радзырд», «Лæг у адæймаг?!», «Ауындзæныл», «Ни- къолоз Гостъашабишвили» æмæ æндæртæ. Илья Чъавчъавадзейы уацмыстæ стыр хæларадон æнкъарæнтимæ ирон æвзагмæ ратæлмац кодтой Гæзза- гы Сослан, Гафез, Дзугаты Гиуæрги, Бестауты Гиуæр- ги, Джусойты Нафи, Хæныкъаты Никъа, Мамиты Ди- митр, Плиты Илья æмæ æндæртæ. 1960 азы та рауагъдад «Ирыстон» ногæй балæвар кодта ирон чиныгкæсджытæн Илья Чъавчъавадзейы æвзаргæ уацмысты дыууæтомон. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, Гуырдзыстоны куырыхон хъæбулмæ ирон адæмы стыр уарзондзинады æвдисæндар у. Ацы дыууæтомоны ма раздæры тæлмæцтæм бафтыдис ноджыдæр цалдæр ног тæлмацы: «Отараты идæдз» æмæ поэмæ «Цардип- пæрд» Дзугаты Гиуæрги æмæ Бестауты Гиуæргийы тæл- мæцтæй. Æвæццæгæн закъонбæрцон хъуамæ уа ирон æвзаг- мæ Илья Чъавчъавадзе куыд цæстуарзонæй æрцыдис тæлмац, афтæ нырыонг иунæг гуырдзиаг æмæ уырыс- саг фыссæг дæр кæй нæма æрцыдис, уыцы факт дæр. Ильяйы чингуытæ æндæр æмæ æндæр рæстæджыты фондз хатты рацыдысты иронау Хуссар Ирыстоны. Журнал «Фидиуæг» æмæ газет «Советон Ирыстон»-ы мыхуыргонд æрмæджытыл æмæ уацмыстыл куы нæ уал дзурæм, уæд уый дæр не стыр фыдæлæн стыр ном æмæ кад кæныныл дзурæг у. Ныр ирон чиныгкæсæгæн фадат фæцис йæхи мадæ- лон æвзагыл кæса æмæ ахуыр кæна стыр гуырдзийаг фыссæг æмæ æхсæнадон архайæджы хуыздæр уацмы- стæ. Гуырдзиаг адæмы сæрыстырдзинад, Илья Чъавчъа- вадзейы 150 азы юбилей гуырдзийаг адæм цытимæ куы нысан кæнынц, уæд Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджы- тæ дæр зæрдæбынæй сæхи цæттæ кæнынц ацы стыр бæ- рæгбоны активон хайад райсынмæ. Областы культурон- рухсадон уагдæтты, библиотекæты, клубты æмæ Куль- турзсйы хæдзæртты уагъд цæуы Илья Чъавчъавадзейы цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг литературон изæртæ, 323
чиныгкæсджыты конференцитæ, тематикон изæртæ... Ор- ганизацигонд цæуынц чингуыты равдыстытæ æмæ гуыр- дзиаг æмæ ирон фысджыты фембæлдтытæ ирон дзыл- лæйадимæ. Гуырдзыстоны адæмон артист Иракъли Шеразади- швилийы хъуыдымæ гæсгæ Илья Чъавчъавадзейы ге- ниалон уацмыстæ сценæмæ рахæссыны традици æр« мæстдæр Октябры социалистон революцийы фæстæ æр- фидар. Драматург Григол Бердзенишвили Ильяйы зынд- гонд уацау «Отараты идæдз»-æй сарæзта пьесæ æмæ стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодта Хуссар Ирысто- ны Хетæгкаты Къостайы иомыл паддзахадон драмон театры уæды коллективмæ. Уыдон æй сæ репертуар- мæ бахастой æмæ тагъд рæстæджы ироы сценæмæкæс- джытæн фенын кодтой диссаджы спектакль. Спектаклы бацæттæкæныныл зæрдæбын куыст бакодта зынгæ ирон режиссер, Гуырдзыстоны ССР аивады сгуыхт архайæг Къæбысты Григол. Сæйраг рольтæ дзы сæххæст кодтой Гуырдзыстоны адæмон артист Цæбиты Нинæ — Отараты идæдз, Гуыр- дзыстоны адæмон артист Цхуырбаты Барис — Гиорги, Гуырдзыстоны адæмон артист Гаглойты Зинæ — Къесо, Гуырдзыстоны адæмон артист Мамиты Димитр — Моу- рав, Гуырдзыстоны ССР сгуыхт артист Пæррæстаты Димитр — Арчил... Илья Чъавчъавадзейы уацмысты ахадындзинад ис уый мидæг æмæ сæ алы дуджы адæймæгтæ дæр кæй арынц сæхицæн зондамонæн, фæндагамонæн арф хъуы- дытæ. Уымæн стыр у адæмты цымыдис йæ алы уацмыс- мæ дæр. «Отараты идæдз» сæвæргæйæ Сталиниры ирон теат- ры артисттæн уыд стыр æнтыст. Илья Чъавчъавадзейы цард æмæ сфæлдыстады фæ- дыл дзæвгар æрмæджытæ æрцыд мыхуыр ирон перио- дикон мыхуыры дæр. Гафез, Нафи,. Мæргъиты Къоста æмæ æндæр ирон фысджытæ стыр а^)гъ скодтой дуне- йон цивидизацийы Илья Чъавчъавадзейы хайбавæрдæн. Иронау мыхуыр æрцыд профессор Акъакъи Топу- риайы уац «Илья Чъавчъавадзе». Ирыстонимæ Ильяйы духовон æввахсдзинæдтыл фыссы зындгонд тæлмацгæ- нæг æмæ ахуыргонд Дзадтиаты Гиуæрги йæ фыстæджы «Тыбылты Алыксандр æмæ ирон литературон критикæ- йы фарстытæ», (Цхинвал, 1985). Ильяйы духовон хæт 324
стæгдзинæдты тыххæй ма дзырд цæуы Гæбæраты Хри- стафоры уацы дæр. Ильяйы стырдзинадыл, йæ интернационалон уды- хъæдыл зарыд зынгæ ирон поэт Бестауты Гиуæрги йе ’мдзæвгæ Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн»-ы: Бæхтæрæг, мæ тугыстæг, мæ уды ’ртау, Арв цæмæй нæ рафæлгæса рустындау,— Ма фæзил Цъицъамуры* ’рдæм — курын дæ... Ды мæ мæрдон дæ, ды нæ зоныс дзурын дæр, Фаллагварс — æлхынцъæрфыг хæрам удау, Уым — фыдгæнæг, арв ыл макуы сауда!.. Ма фæтагъд кæн, уым дæм амонд нал кæсы. Атындзыдтай æмæ уары сау цæссыг... Æмæ нал дæн райгонд уыцы уалдзæгæй, Дудгæ рис мæ уды ’рфæны нал тайы. Уыцы судзгæ сау нæмыг ыскалцæги, Фæлæ йе ’хситт нал сысы мæ вæрдæйы. Уары мыл цъыкк-цъыккгæнгæ Цъицъамуры, Цырты къæйтыл алæсæн æртæхулæн. Цъиу-цъиугæнгæ цъиу цы кæуы, ц’ агуры... Ехх, Цъицъамур, басгуыхтæ зæрдæхалæн... Фæлæ мæнæ сагъæс батад цадæггай, — Ахаста йæ дымгæ мигъы къабазыл. Арвы ’ртæхты хур — сыгъзæрин радыгай Айтыгъта кæркæ-мæркæ мæлхъы базыр. Сагурамо**, хур та дыл ысхъазыди,— Хурзæрин æнус дæ сæрмæ бур дара! Арвы рон æркъæлæтис, æртасыди,— Разындис æнæмæлæты къулдуарау. Ильяйы удыхъæдыл дзурæг у, уый бындур кæмæн æрæвæрдта, уыцы газет «Иверия» дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй, гуырдзийаг периодикон мыхуыр кæддæ- риддæр цымыдис кодта æмæ кæны ирон адæмы цард- мæ, йæ культурæмæ^ йæ литературон размæцыдмæ, йæ аивады, музыкæйы^адæмон ахуырады проблемæтæм. Ирыстоны тыххæй бирæ цымыдисон æрмæг æрцыдис мыхуыр алы гуырдзийаг газетты æмæ журналты дæр. Фæлæ уыдонæн се ’ппæтæн дæр амдингæнæг уыд Илья; * Цъицъамур — Мцхетамæ хæстæг Арагвийы галиуварс, Тби- лисæй Сагурамомæ цæугæйæ, Ильяйы кæм амардтой, уыцы бына- ты ном. Ныртæккæ дзы ис бæрзонд обелиск. ** Сагурамойы, Ильяйы хæдзар-музейы, ныр дæр ис поэты кæ- мæп амардтой уыцы нæмыг. Азты дæргъы схырыз æмæ скалцæг. 325
Чъавчъавадзе æмæ йæ газет «Иверия». Илья сæрма- гонд хъусдард здæхта сыхаг адæмты, уыцы нымæцы ирон адæмы цардмæ дæр æмæ архайдта уыдонимæ æф- сымæрон, хæлар ахастытæ æндидзынкæныныл, уымæн æмæ уый иттæг хорз æмбæрста «хи хæрзиуæг сыхаджы хæрзиуæгыл баст кæй у, сыхаджы æнамонддзинадыл хи амонд амайæн кæй нæй» («Иверия», 1886 азы 16 сентябрь). 1891 азы Ильяйы газет «Иверия» фыста гуырдзи- йæгты æмæ ирæтты духовон царды иуцалдæр эпизоды тыххæй. Сæрмагондæй та ам уæрæх бынат лæвæрд æр- цыд, ирон адæм Михеил Хъипианийы амæлæтыл цы стыр зæрдæрисимæ сæмбæлдысты, уый равдисынæн, дзырд дзы цæуы 1891 азы 4 марты зынгæ гуырдзиаг æхсæна- дон архайæг М. Хъипианийы табæты уæлхъус арæзт фыдохы митинджы Хетæгкаты Къоста сæрмагондæй М. Хъипианийы номарынæн фыст æмдзæвгæ кæй ба- каст, уый тыххæй. Мæнæ куыд фыста газет: «...Уый фæстæ зæрдæбын æнкъарæнтимæ, фыццаг иронау æмæ стæй та йæ дыккаг æмдзæвгæ уырыссагау бакастис Хе- тæгкаты Къоста. Ирон æмдзæвгæйы мидис цыбыртæй мæнæ ахæм уыдис: «Фæндараст у, нæ мæт дæ нал ис ныр. А-зæххыл нын уадзыс де ’рдаг ном. Не ’хсэен, дæ- уæй чи рахъаст кæна, ахæм нæ разындзæн иу лæг дæр. Дæ ном мыггагмæ цæрдзæнис не ’хсæн. Дæ цард дæр æнусон уыдис. Æрмæст дæуæн бацис дæ бон дæ адæ- мы сæрвæлтау дæ хæрзамонд рауæлдайкæнын. Чысьь лæй зæрыбонтæм дæ бæллиц уыд адæмы хъизæмæрт- тæй фервæзын кæнын. Судзгæ цырагъ уыд дæ къухы æмæ нын рухс кодтай нæ талынг фæндаг. Сæр кæм хъуыдис, уым тох кодтай, фæлæ сæрыфыццаджы рæв- дауын уыдис дæ сæйраг миниуæг... Ныййарæг мадау уарзтай нæ райгуырæн бæстæ. Зæрдæхæлар фыййау уыдтæ мæгуыртæн. Цæмæй дын бафидæм мах та дæ хæрзтæ? Æнусон уæд уадз æмæ дæ кады ном. Мах æна- монд стæм. Мин хатты æнамонддæр та ам æнæдæу чи кæудзæн». 1896 азы 82 æмæ 90 номерты мыхуыр æрцыдысты уацтæ ахæм иумæйаг номимæ «Быдыры ир» (бынæт- тон цард). 1897 азы 14 февралы «Владикавказы æрбарвитгæ хабар»-ы дзырдæуыд Зæрæмæджы хъæуы цæрджыты дины кусджытæ кæй фæсайдтой, уый тыххæй. Газет фæдзæхсы ацы хъæуы цæсгомджын кусæг адæмы, цæ- 326
мæй ма æууæндой уыцы дæснытыл, уымæн æмæ уы- дон адæмы мæт нæ, фæлæ ис æрмæст æндæр «урс аех- цатæ æмæ дзаджджын хæбизджынты» мæт. Уыцы азы газеты 131 номеры та дзырдæуы, Влади- кавказы зылды Тмены хъæуы згъæры хъæздыг гуырæн- тæ кæй разынд, ууыл, æмæ амындæуы, зæгъгæ, арды- гон адæм æвæстиатæй æрæвнæлдтой уыдонæй пайда- кæнынмæ. Уыцы азы 273 номеры газет мыхуыр кæны уац «Фы- стæг Ирыстонæй», цыран нысан чындæуы: «Ныртæккæ, куыд быдыры ирæттæм, афтæ хохы ирæттæм дæр стыр тырнындзинад ис ахуырдзинад райсынмæ. Алы хъæуы дæр архайынц, кæрæдзийы фæстæ ма баззайой ацы хъуыддаджы. Хи сæрмагонд фæрæзтæй аразынц скъо латæ. Адæмæй æрбамбырдгонд фæрæзтæй æрхонынц дыккаг ахуыргæнæг дæр (иу ахуыргæнæгæн мызд фд- ды хицауад). «Иверия» стыр цытимæ дзуры Дæргъæв- сы хъæууон скъолайы тыххæй, ам, зæгъ, ныридæгæн скъоламæ цæуы 140 сабийы. 1899 азы Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæн- дыр»-ы фæзындыл газет «Иверия» сæмбæлд стыр ци- нимæ æмæ йын зæрдæбын арфæтæ ракодта йæ авто- рæн. Газеты мыхуыр æрцыд уац «Феггуырста Ирыстон ахуырмæ». Уацы автор, зынгæ иртасæг Александр Ха- ханашвили дзыллæйадæн фехъусын кодта ацы чины- джы æвæджиау стыр нысаниуæджы тыххæй ирон ор- фографи æмæ литературон размæцыды хъуыддаджы. Гуырдзиаг профессор фыста: «Ацы уаз æнкъарæн (уарзт æмæ цæсгом) чи бамбæрста, уымæн йæ сыхаджы хæрзт амонд цинаг у æмæ йæ хъыгдзинад та — мæтаг. Иу стыр цинаджы хабар æрцыд нæ сыхаг, не ’марæн адæм- мæ, Гуырдзыстон æнусты дæргъы хæларæй кæимæ фæ- цард, уыцы ирон адæммæ, æмæ ацы цинаг хабар æх- сызгойнаг у махæн дæр: æз уын ахуырдзинадæрдæм ирæтты тырнындзинады кой кæнын...» Дарддæр А. Хаханашвили аразы цыбыр афæлгæст Къостайы «Ирон фæндыр»-мæ хаст æмдзæвгæтæ, ле- гендæтæ, æмбисæндтыл, дзуры ирон стихарæзты фарс- тытыл æмæ йæ уацы кæрон фыссы: «Бафæндæд нæ ирæттæн ацы кадджын фæндагыл æнтысгæйæ размæ- цæуын æмæ сæ иумæйаг фыссынады дидинæфтыд!» Илья Чъавчъавадзе бындур кæмæн æрæвæрдта, уы- цы диссаджы рæстылдзу газет æнæхъусдард нæ уагъта ярон адæмы царды иунæг фарст дæр. 1905 азы 15 ию- 327
ны газет йæ кæсджытæн стыр цинимæ фехъусын кодта, быдираг ирæттæ сæ æфхæрджыты ныхмæ кæй раста- дысты, уый, æмæ ацы хабар нымадта стыр цауты рай- дианыл. Æмæ æцæгæйдæр 1905—1907 азты революцион змæл- ды активон хайад райстой Гуырдзыстоны æмæ Иры- стоны раззагон фæсивæд. Паддзахы хæдхæцæгады ных- мæ Кавказы адæмты змæлд сси æппæт Уæрæсейы æф- хæрд дзыллæты революцион змæлды æнæахицæнуæвгæ хай. Цард цæуы размæ. Æрдзы алцыдæр ивы, афтæ у дунейы сконд. Æнусон ницы ис, фæзæгъынц ахæм фи- лософон хъуыды дæр. Æмæ уый чизоны; афтæ у, цард кæм ис, уым ис мæлæт дæр. Ис мæлæт чиныгæн дæр, йæ куыст куы бакæны, уæд амæлы лæгау, адæмы сæ- рыл тохгæнæг лæгау. Æрмæст амæлæн нæй Ильяйы хуызæн куырыхон фысджытæн, Ильяйы хуызæн номы лæгтæн. Стыр адæймаджы радтынц иу хицæн адæм, фæлæ йæ генийы æруаджы йæ адæмы царды æппæт талынг къуымтæ дæр куы срухс кæны, уæд уыцы рухс æнхъæвзы æндæр адæмтæм дæр æмæ уыцы рухстауæг æппæт дзыллæтæн дæр свæййы иумиаг хъæбул. Афтæ ссис Илья Чъавчъавадзе дæр дунейы дзыллæтæн. Цас рæстæг цæуы, цас азты номхыгъд рæзы, уый бæрц Илья- йы ном ноджы кæны стырæй стырдæр. ...Æмæ йæ райгуырды 150 азы бонмæ гуырдзиаг адæмимæ нæ бæстæйы адæмтæ сæхи кæй рæвдз кæ- нынц, уыдон нымæцы ирон адæм дæр, уый канд Илья- йы стыр генийæн аргъ кæныны ирд æвдисæн нæу, фæ- лæ ма у Ильяйы радтæг гуырдзиаг адæммæ дæр хæ- лар, уарзон зæрдæ дарыны ирд æвдисæн дæр. Абон поэты райгуырды 150 азы бонмæ ирон дзыллæйад дæр сæ нæртон лæггады хай кæнынц æмæ фыссæджы хуыз- дæр уацмыстыл ногæй рацæудзысты мыхуыры. Куль- турæйы ахæм бастдзинад, у ирон æмæ гуырдзиаг адæ- мы фидар хæлардзинады ирд æвдисæн. Филологон зонæдты кандидат, доцент Автандил Цотниашвили.