Text
                    А.Н. Островский
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ
ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ • 1962


А. Н. ОСТРОВСКИЙ СНЕГУРОЧКА Весенняя сказка в 4-х действиях с прологом Перевел на осетинский язык Плиев Гр. Дз. Северо-Осетинское книжное издательство Орджо никидз ♦ 1962
Архайд цæуы рагзаманы Берендейаг бæстæйы: пролог —• паддзах Берендейы паддзахады сæйраг горæт Берендейы фарсмæ Сырх Обауыл; фыццаг архайд цæуы Базары хъæуы; дыккаг — паддзах Берендейы галуаны; æртыккаг — Дзуары хъæуы; цыппæ- рæм — Зынг-Хуры фæзы. ПРОЛОГ УÆВДЖЫТÆ Хъæлдзæг-Уалдзæг. Д а д а М и т æ г. Митæ, митæйгуырд чызг. Хъуынахор. Цæрвæхсин. Гæвзыкк Æнæбын. Г æ в з ы к к а, йæ ус. Берендейтæ — сылæй, нæлæй, цъиуæй, бæдулæй, Уалдзæджы фæсдзæуин мæргътæ — хърихъуппытæ, хъазтæ, бабызтæ, цъиахтæ, дзæгъындзæджытæ, сауцъиутæ, хæрдмæ- дзæуджытæ æмæ иннæтæ. Рагуалдзæг. Æмбисæхсæв. Сырх Обау, митæмбæрзтæн. Рахизырдыгæй — къутæртæ æмæ сыфтæрызгъæлд бæрз бæлæстæ, 3
галиуырдыгæй — бæзджын наз æмæ нæзы хъæд, бæлæсты къалиу- тæ æрзæбултæ сты митьг уæзæй. Рæбынæй обауы рæзты цæуы дон. Доны фале — паддзах Берендейы стыр горæт: галуантæ æмæ хæдзæрттæ се ’ппæтдæр сты хъæдын, æнахуыр диссаг нывгæнд- тæ, фæрссæгтæй цæуы рухс. Цалхыдзаг мæйы рухсмæ бæстæ тæмæнтæ калы æвзистау. Дардæй уасджытæ уасынц. 1-аг ФÆЗЫНД Хъуынахор бады хус къуыдырыл. Арв æмæхгæд æрбакæны фæсденджызæй æрбацæуæг мигътæй. X ъ æ л д з æ г-У а л д з æ г зæхмæ йæхи æгзуадзы хърихъуппытыл, доныхъазтыл æмæ бабыз- тыл, йæ алфамбылай зилынц фæсдзæуин мæргътæ. Хъуынахор. Ныууасыд уасæг зымæгæн кæрон. Хъæлдзæг-Уалдзæг йæхи æруадзы зæхмæ. Æмбисæхсæв. Мæ рады лæуд фæдæн, — Æмæ нытъуылын бæласы мæрайы. Ныххауы бæласы мæрайы. Сырх Обаумæ йæхи æруадзы Хъæл- д з æ г-У а л д з æ г йæ фæсдзæуин мæргътимæ. У а л дз æг Раст ацафон æрвылаз берендейтæн Æрбаздæхын сæ зæхмæ дардæй æз. Æнтъыснæгæй, хæрзуазалæй æмбæлы Иæ уалдзæгыл æлхынцъæрфыг бæстæ. Цы ’нкъард у ам: æгомыг тыгъд быдыртæ Хуыссынц æнцад сæ урс пæлæзы бын, Нæ сыл кæрдæг, нæ — дидинæг. Æппæт дæр Ныууазал ис: хæл-хæлгæнаг дæттыл Ныцъцъенгæ их, æмбисæхсæв нæ хъуысы Цæугæ дæтты сындæг сыбар-сыбур. 4
Ныссабыр хъæд, бæзджын миты уæзæй Сæхи æруагътой зазы хихтæ, раст Зæронд лæджы тызмæг æлхынцъ æрфгуытау. Ам, наЗты бын, мæнæргъджынты, ныббæзджын Æхсæвидар. Рæхснæг нæзытыл писи Ныззæбултæ æмæ ныссалди. Арвыл Цæхæрау судзы мæй æмæ æрттивынц Ыстъалытæ, тыбар-тыбур кæнынц. Сæ саламмæ сын, урс ыссадæмбæрзтæй, Æрвиты зæхх сæхи уазал æрттывд Бæрзонд хæхтæй æмæ бæлæстæй, ноджы Тыгъд быдыртæй æмæ быгъдæг фæндæгтæй. Цæхæркалæг ыстъæлфæнтау, лæууынц Æрттивæнтæ сыгъдæг уæлдæфы сагъдæй. Æгас бæстыл лæууы æрттиваг уазал. Куыд ихæн у! Нæ мыл фембæлы афтæ Мæныл зæрдырай хуссары зæхх, уым Уыгæрдæнтæ — цъæх гауызтау, дыргъдæттæ — Рæсугъд фæлыст, улæфынц хъарм, фæлмæн, Æрфæныфæд æмæ æхсыргъуыз мæй Нывæндынц рухс цыргъцъупп мæзджыттыл, хъазынц Гæдыхъæдтыл, стæй тарбын кипаристыл. Фæлæ уæддæр цæгатаг бæстæ уарзын. Æхсызгон мын у хъомысджын æрдзы Йæ тарф фынæйæ хъал кæнын, цæмæй Зæххы бынæй йæ сусæг тых хæрдмæ Цæуа, рæзгæ, æмæ дæтта бæркад Сæ зад хуымтæй æнæмæт берендейтæн. Фæтавын æз цæгатбæсты, цæмæй Парахат уой сæ цин æмæ сæ уарзын, Хъæзтытæ ’мæ бæрæгбонтæ, цæмæй Цъæх-цъæхид уой сæ къутæртæ, сæ хъæд, Цыллæ гауызтау быдыртæ æрттивой. 5
(Уазалæй зыр-зыргæнаг мæргътæн.) Мæ хорз хæлæрттæ: урсбазыр дзæгъындзæг, Æвæллайгæ хъæлдзæг зарæг гæркъæраг, Хæрдмæдзог цъиу æмæ тызмæгдзаст цъиах, — Дард, хуссарæй фыццаг æртæхæг мæргътæ, Стæй, хърихъупп, ды æмæ дæ къай кæсаглас, Ды, доныхъаз æмæ хъæлæсджын хъаз, Бипн-бипгæнаг тъæпæнкъах бабыз, къаннæг Хъæддаг мæргътæ, куы баргъæвстыстут уый! Ныббарут мын, мæн тыххæй уын у уазал, Мæхи мæргътæ, мæн азымæй у ныр Сымахæн дæр æмæ мæнæн дæр ихæн, Дзæбæх мæргътæ, мæхи аххосæй дæн Æргъæвст Уалдзæг. Æхсæрдæс азы размæ Мæ ивæгой дзæгъæл монцы фæдыл Фæлымæн дæн æз урсбоцъо зæронд Митæгимæ — фæливæг æмæ сайæг Морозимæ, — æмæ уæдæй нырмæ Йæ цагъайраг дæн хинæйдзаг зæронд Дадайæн æз. Æмбисонд у нæлгоймаг Кæддæриддæр: чысыл ын бар куы радтай, Уæд дæ бынтондæр бакæндзæн йæхи. Æмæ ныууадзин боцъойы бæргæ, Фæлæ бæллæх: мæ зæрондимæ мын Чызг ис — Митæ. Æдзæрæг хъæды астæу, Æнусон салд, æнкъард бынæтты дары Митæг йæ чызджы, хъомыл æй кæны. Митæйы тынг кæй уарзын æмæ ноджы Хæрзæнамонд, тæригъæдтаг кæй у, Гъе, уыйадыл æз рахицæн нæ уæндын Мæ урсбоцъо зæронд лæгимæ, уый та Æндæр хъæугæ дæр ницы кæны — уадзы 6
Йæ уазæлттæ, гæртт-гæртт кæнын кæны Мæн, Уалдзæджы, стæй ноджы берендейты. Хæлæггаг хур кæсы тызмæгæй махмæ Æмæ кæны æппæтмæ дæр мæсты. Гъе, уымæн у хъыхъхъаг зымæг; гъе, уымæн У уазал Уалдзæг. Баргъæвстыстут, цы, Мæгуырæгтæ? Цæй, кафгæ æмæ схъарм уат! Æз федтон, адæм, кафгæйæ, сæхи Куыд кодтой хъарм. Кæд уæ нæ фæнды кафын, Кæд уазал у, уæддæр нæ ног бынатмæ Æртæхæн бон æнæ фæкафгæ нæй. Мæргътæй иутæ цæгъдынц фæндырæй, иннæтæ зарынц, аннæтæ кафынц. Мæргъты зараг къорд Æртæхынц мæргътæ, Æртæхынц, заргæ, Къæрдгæйттæй, къæрдгæйттæй. Æрбадынц мæргътæ, Æрбадынц, заргæ, Рæгъытæй, рæгъытæй. Зæгъут-ма мын, заргæ, Егъаудæр уæ чи у? Зæгъут-ма мын, мæргътæ, Зæгъут-ма мын, заргæ, Уæ къаннæгдæр чи у? Цæргæс у нæ балхон, Ис немæ уæрцц-былдыхъ, Уæрцц-былдыхъ, уæрцц-былдыхъ. Уыг-бурбазыр не ’хсин — 7
Сызгъæрин цырыхъджын, Цырыхъджын, цырыхъджын. Сты хъазтæ уæздæттæ, Сæ лæппынтæ ’лдæрттæ, Æлдæрттæ, æлдæрттæ. Дзылы нын — хуымгæнæг, Хъæмпы цъиу — цагъайраг, Цагъайраг, цагъайраг. Хърйхъупп та нæ гæс у Дæргъæццон зæнгтимæ. Нæ пъагæнæг — уасæг, Сидахъхъ нын — сæудæджер. Зæрватыкк æнæхъыг, Æнæмаст рæсугъд маргъ, Рæсугъд маргъ, рæсугъд маргъ. Хъæдхой нын — æрмгусæг, Цæлгæнæны хицау У махæн кæсаглас, Кæсаглас, кæсаглас. Цыргъкъоппа дыгоппон — Иæ гакк-гукк фæдисон, Фæдисон, фæдисон. Нæ сырхбырынкъ халон Зымæгон — нæ фидыц, Нæ фидыц, нæ фидыц. Фæндагыл — зымæгон, Цары та — сæрдыгон, Сæрдыгон, сæрдыгон. Цъолоби фæдары, Нæй уымæй зынаргъдæр, Зынаргъдæр, зынаргъдæр. 8
Кафаг мæргътыл бæлæстæй згь’æлын байдайы халас, стæй—миты фæзгъæртæ, радымы дымгæ,—мигъ æрбабады, мæйы æрбахгæны, быдыр саумылазы бын фæвæййы. Мæргътæ, уасгæ, сæхи ласынц Уалдзæгмæ. Хъæлдзæг-уалдзæг (мæргътæн) Тагъд, къутæртæм! Йæ митхъæпæнтæ калы Зæронд Митæг. Сæумæцъæхтæм фæлæуут, Сæумæрайсом фæхъулон уыдзæн зæхх Нæ’быдырты; нæ дæтты их æртайдзæн,— Сæууон хурмæ куы батават уæхи, Уæд бавналдзыстут ахсдæттæ бийынмæ. Мæргътæ бамбæхсынц къутæрты, хъæдæй рацæуы дада М и т æ г. 2-аг ФÆЗЫНД X ъ æ л д з æ г-У а л д з æ г æмæ дада М и т æ г. М и т æг Хъæлдзæг-Уалдзæг, дзæбæхæй нæм æрцыдтæ? У а л д з æ г Дæхæдæг дæр дзæбæх дæ, Митæг? М и т æ г Бузныг, Нæ кæнын хъаст мæ цардæй. Берендейтæй Ныры зымæг нæ ферох уыдзæн — тынг Хъæлдзæг уыди, — сæуæхсидыл æрвылбои Хур кафыди фыруазалæй, изæр та Сыкъаджын мæй, зыр-зыргæнгæ, тылди. 9
Ысхъызын мæ куы фæндыдис, уæд-иу Ныйирд кодтон, æвзистдонытылдау, Æгас бæстæ, æмæ-иу заргæ, ниудтон! Бонджын, исджын хæдзæрттæм Митæг Хоста къултæ тызмæг. Кæрты дуæрттæ-иу кодтой къæс-къæс, Дзоныгъ куы кæны хъыс-хъыс, Уарзын уый æз, Уарзын, уарзын, уарзын. Хъæдласыныл уæрдæттæ цæуынц, Æхсæвуатмæ бæлццæттæ тындзынц, Уæрдон хъахъхъæнын æз, Размæ батæхын æз, Парахат фæтæны Ныххуыссын хъæпæны Уазал сау мигъæй, Æхсæв, сырх пиллонау, судзын арвриуæй. Æз Митæг дæн, Митæг, Æз мæсты дæн, тызмæг, — Алкæм фæрссæгтæ, къултæ фæхойын мæ лæдзæгæй Æз хæрзхъæлдзæгæй. Хъазгæ, ихæн дымгæ бæстыл разилы Æмæ къæхты бын мит, хъæрзгæ, баниуы. Мит æрттивы алкæм алгъуызон, Иу ран — цъæх, иннæ — сырх, аннæ —балгъуызон. Хорз у уый, Хорз у, хорз у, хорз у. Ноджы карздæр та хъæудзæрджытæн Æз сæумæйыл куы дæн: Уазал мигъ сæм, тымыгъхæсгæ, æрхытæй балæсы, Æмæ алчи йæ хæдзары баргъæвсы. Хъæу йæ фæздæг хæрдмæ цæгтæй уадзы, Фæздæг дымгæйы фæдыл тасы, 10
Арæх уыцы фæздæг Нал фæцæуы цæрдæг — Уайтагъд асæлы. Тыгъд быдыры, хъæды уасын Æмæ хъазын Уарзын æз, Уарзын, уарзын, уарзын. У а л д з æ г Куывдтæ фæкодтай! Афон дын у ныр Фæцæуынæн цæгатмæ. М и тæг Ма мæ сур, Мæхæдæг дæр цæуинаг куы дæн. Цинтæ Нæ кæныс ды дæ зæрондыл, нæ рагон Хъуыддæгтæ ды æгæр тагъд ферох кодтай. Æз та, зæронд, æппынæдзух дæр иу. Уалдзæг Ис алкæмæн йæхи миниуæг царды. М и т æ г Цæуын, цæуын сæуæхсидыл, æгъгъæд тыхс, «Фæцæудзынæн Сыбыры хъæдмæ, дард. Хъусджынхуд мын рувасдзармæй, Сагдзармæй та мын фæлдæхт кæрц, Хъазæнтæ мæ роныл ауыгъд бирæ. Дæугæцардгæнджыты цъупп хæдзæртты. 11
Сырдмарджыты халагъудты Зилдзынæн, дзурдзынæн рæсугъд аргъæуттæ, Сæрæй мын ныллæг кувдзысты. Мæ паддзахад Сыбыры ис æнусмæ, Мыггагмæ йын фæуæн нæ уыдзæн. Ам мæ Хъыгдары Хур, ыстæй мæ ды дæр ивыс Бæрæгбонуарз æнæсæр’ берендейтыл. Цы зонынц уыдон: магусайы цард, Цæл æмæ нозт, къуымæл, бæгæны уадзын, Мыддон фыцын æмæ махсымæ нуазын, Стæй уалдзыгон фæкурынц-хурæй хъарм. Цæмæн, зæгъ-ма? Рæстæгыл хуым нæ кæнынц, Цы сты, зæгъ-ма? Бæрæгбонты фæбадынц, Æнцъухгæйæ, фæсус хъæлæсæй зарынц, Сæуæхсидæй сæуæхсидмæ æнæсцух Тымбылхъазты сæ зынаргъ рæстæг сафынц, Гъе, уый сæ куыст. У а л д з æ г Кæм ныууадзинаг дæ Митæйы ныр М и т æ г Нæ чызг сывæллон нал у, Лæггадгæнæг ын нал хъæуы. Нæ йæм ис Нæ барæгæн, нæ фисдæгæн фæндаг, йæ галуанмæ нæй бафтæн. Цъæх бирæгътæ, Хуымыссæндæг егъау æрсытæ зилынц Йæ цæрæнуатыл хъахъхъæнджытæй, хин-сырд Сæдæазон нæзыйыл бады ’хсæв, Куырмгарк та нын æй боныгон фæхизы Æмæ йæ цурты къахавæрæн нæй. 12
У а л д з æ г Тызмæг зæронд, дæ сырдты ’хсæн Митæ Æнкъард кæндзæн. М и т æ г Хъæлдзæггæнджытæ бирæ Иæ галуаны. Æдзух лæууы йæ разы Лæггадгæнæг сыбираг хины рувас, Къабускатæ йын тæрхъустæ хæссынц, Сæлавыр ын сæумæцъæхæй хъуырауы Фæхæссы дон, йæ къах-къухтыл лæугæ йын Æхсæрсæттæг сæтты æхсæртæ, тыргъы Кæсы æнхъæлмæ цумайы мыстулæг. У а л дз æг Уæддæр тыхсдзæн, тыхсдзæн, мæ зæронд! М и т æ г Кус, Æлвис къуымбил, уырды уæлбæрæй кæн Дæхицæн худ æмæ зымæгон хъарм кæрц, Сæгуытдзармæй рæсугъд æрмхудтæ кæн, Тон зокъотæ, мæцкъуытæ уидз æмæ сæ Дæ зымæджы тыхст рæстæгмæ æвæр, Куы дæ фæнда, уæд каф, йе — зар. Цы ма дæ Хъæуы хуыздæр? У а л дз æг Сæрхъæн зæронд! Чызгæн Иæ бархи цард зынаргьдæр у æппæтæй Сæлавыртæ, уырдтæ, æрмхудтæ, галуан 13
Цы сты чызгæн? Митæйæн ныр бынтон Æндæр цыдæртæ агуры йæ зæрдæ, Уый адæмимæ ацæрын фæнды, Йæхи цахъхъæн лымæн-хæлæртты ’хсæн Хæрзхъæлдзæгæй æмбисæхсæвтæм хъазын, Æртытæ кæнын уалдзыгон, стæй зарын Лæппутимæ, йæ зæрдæ цалынмæ... М и тæ г Цы — цалынмæ? Цы? У а л д з æ г Цалынмæ йæм хорз Кæсы, йæ фæдыл лæппутæ кæй зилынц Æмæ кæй кæнынц уый сæрыл быцæу. М и тæ г Ыстæй? У а л дз æ г Ыстæй йæ бауарздзæн сæ иу. М и т æ г Гъе, уый у, уый йæ бæллæх дæр. У а л д з æ г Æнæзонд, Тызмæг зæронд! Цæрæгойæ зæххыл Цы равзæра, кæна уый хъуамæ уарзгæ. ’Митæйы дын нæ бауадздзæн йæ мад Æппынæдзух цагъары царды дарын. 14
М и т æ г Гъе, уый тыххæй дзæгъæлы кæныс тæвд, Æнæзондæй дзæнгæда цæгъдыс. Хъус-ма! Дæ сæры бауадз зонды мур! Тызмæг Хур, Æппæт судзаг, æгуыдзæгты хуыцау, Ард бахордта йæ лымæн берендейтæн, Кæмдæриддæр мыл фембæла, мæн уым Кæй сафдзæни. Æмæ мын алкæм ныр Мæ галуантæ, мæ нывгонд галерейтæ, Мæ лыстæгхуыд, рæсугьд хæрдгæбыдтæ, - Мæ куыстытæ, мæ фæллæйттæ, мæ фæндтæ Æппынæдзух фæкæны тайын, дон. Хæрын дын ард, мæ цæссыг сыл фæкалын. Нывгæнæг, ды нывтæ кæн, кал дæ хид, Сындæггай амай стъалытæ, цæмæй дын Хæрзсæфт фæуой. Тæккæ знон та æртахт Фæсденджызæй Дзæгъындзæг маргъ. Æрбадт Сæрбæрзондæй дыууæ донастæу хусыл Æмæ кæуы, хъæддаг бабызтæн хъаст Кæны мæнæй, мæ уазæлттæй, æлгъиты! Æмæ йын уæд ма>н аххос у? Нырма Кæдæм тындзы, цæмæн æртахтис афтæ Æгæр раджы йæ хъарм бæстæй цæгатмæ? Фæдзæгъ-дзæгъ кодта бирæ æмæ хъазтæ, Раст, абанайы найæг устытау Зæрдæбынæй фæкæл-кæл кодтой хорз, Æмæ цы ’рцыд йæ ныхæстæй мæ хъустыл?! Æвзæр хабар: Гиланы сæрты, дам, Куы тахтæн æз, уæд иу расыг факирæн — Мæгуыргурæн — æппæлыди Зынг-Хур Мæстыгæрæй: «Митæйы, дам, æз хъуамæ Тагъд байсафон, йæ байсафынæн, дам, 15
Æрмæст хъæуы йæ зæрдæйы ныббарын Мæ’хъармимæ лæгуарзыны зынг, уæд Митæйæн нал ис фервæзæн: Зынг-Хурмæ Æртайдзæн æмæ фестдзæнис æртхутæг, Хæрзбын фæуыдзæн, бамбар æй! Йæ зæрдæ Уа цалынмæ, сывæллонау, сыгъдæг, Уæдмæ йын Хурæй ницы тас у. У а лдз æг Дзурыс! Куыд æууæндыс сæрхъæн маргъы дзæгъ-дзæгъыл? Дзæгъындзæг нæу хуымæтæджы йæ ном! М и т æ г Æнæ уый дæр æз хорз зонын. Фыдвæнд мыл Кæй кæны Хур. У а л д з æ г Мæнæн мæ чызджы ратт, Митæйы. Ми тæг Нæ, нæ ратдзынæн. Дæ хуызæн Дзæгъæлсæрæн куыд хъуамæ раттон æз Мæ чызджы? У а л дз æг Ма кæн, ма мæм дзур фыддзыхæй, Æвзæр сырхфындз! 16
Ми тæг Æрбайхъус-ма, цæй — фидыд! Чызгмæ хъæуы æппынæдзух кæсын Дзæбæх цæстæй, стæй — бирæ цæстытæй, Æмæ ды та æнæвдæлон дæ, стæй дæ Нæ фæнды ууыл аудын, — фæлтау æй Хæссынмæ раттæм хъæубæсты Гæвзыкмæ, Æнæзæнæг. Гæвзыкмæ йын уыдзæни Куыстытæ фаг, стæй лæппутæй дæр — ирвæзт: Нæ бабæлдзæн Гæвзыккы чызгмæ иу дæр, — Мæгуыр у уый. Цæй, куыд, разы нæ дæ? У а л д з æ г Разы, цæрæд Гæвзыккы бинонтимæ, Æрмæст цæрæд сæрибарæй. М и т æ г Нæ чызг Нырма нæ зоны уарзондзинад, нæй йæ зæрдæйы чызджы сафæг æнкъарæн Æмæ нæ зондзæн бауарзын, кæд ын Дæхæдæг ды нæ бауадзай йæ туджы Иæ сафæг тых, æмæ кæд уарзондзинад Нæ райхъал уа йæ зæрдæйы... У а л дз æг Æгъгъæд. Фæдзур-ма мын Митæмæ ныр! 2 Митæ 17
М итæг Митæ! Фæзын нæм тагъд, мæ дзæбæх чызг! М и тæ (ракæсы хъæдæй) А-у! (Бацæуы йæ фыдмæ.) 3-аг ФÆЗЫНД Уа^дзæг, Митæг, Митæ, стæй уæд Хъуынахор. У а л д з æг Митæ, Митæ, мæ мæгуыр бархи чызг, Æрбацу-ма, дæ мад дæ барæвдауа. (Рæвдауы Митæйы.) Мæ саурæсугъд чызг, адæммæ цæуын дæ Нæма фæнды, сæрибарæй цæрын? М и т æ Фæнды, фæнды мæ, ауадзут мæ! М и т æ г Диссаг, Цæмæн уадзыс ныййарæджы хæдзар, Бæллиццагæй иы ссардтай берендейтæм? 18
М ит æ Сæ зарджытæ. Хæмпæл къутæрты ’хсæн Куы бамбæхсын, уæд чызджыты хъæзтытæм Кæсынæй æз нæ фефсæдын. Æнкъардæй, Хæрзиунæгæй кæсын æмæ кæуын. Мæхи баба, куыд хорз у чызджытимæ Сырх мæнæргъ æмæ сау хъæлæрдзы тонын, А-у кæнын! Изæрæхсидыл та Тымбыл хъазты хъæлдзæг зарын — Митæ Гъе, уый уарзы. Æнæзард цард æнкъард у. Мæ дзæбæх фыд, ауадз-ма мæ! Фæстæмæ Хъызт зымæджы куы раздæхай, уæд дын Изæрдартыл æз тархъæды дæ зæрдæ Мæ зарджытæй кæндзынæн рухс, хъæлдзæг, Æмæ мын уад йæ фæндырæй цæгъддзæни. Иæ зарджытæ мын бацамондзæн Лел, Фæцахуыр сыл уыдзынæн. М и тæ г Æмæ Лелы Куыд базыдтай? М и т æ Куыд? Къутæртæй йæ федтон. Фæхизы хъæды хъуццытæ æдзух Æмæ фæзары зарджытæ. М и т æ г Ды та йæ Цæмæй зоныс, кæй у уый Лел? 19
Митае Цæуынц æм Рæсугъд чызджытæ, цинтæ йыл кæнынц, Æдзынæг ын йæ цæстытæм фæкæсынц, Рæвдауынц æй, фæпъатæ йын кæнынц, Фæхонынц æй зæрдæргъæвд Лел, сæ уарзон. У а л д з æ г Зæрдæргъæвд Лел дзæбæх зары? М и т æ Мæ мад, Æз фехъуыстон, хæрдмæдзог цъиуты зарын Куыд азæлыди хуымты сæрмæ; хъуыстон, Куыд зарыди æнкъардæй денджызон хъаз Сабыр цадыл; æз хъуыстон булæмæргъты Цъыбар-цъыбур, фæлæ мын Лелы зарын Адджындæр у. Æхсæвæй-бонæй хъусин Фиййауы уарзон зарджытæм. Æнцад сæм Фæхъусын æмæ тайын... М и т æ г (Уалдзæгæн) Хъус-ма, тайын! Тæссаг дзырд у, æвзæр хъуыды дзы ис. Цыдæриддæр дзырдтæ фæдзурынц адæм, Митæгæн у сæ тæссагдæр дзырд: тайын! Митæ, мæ чызг, тæрс Лелæй æмæ лидз 20
Йæ ныхæстæй, йæ зарджытæй. Уый йе ’гас Судзгæ хур у. Æнтæф æмбисбон хурæй Куы лидзы алцы сатæгмæ, уæд уый та Сæрбæрзондæй, æдæрсгæйæ, фæхуыссы Дзæгæрæгдæр кæм фæкæны хур, уым, Æмæ уæд уыцы магуса фиййау Йæ мидвыны, йæ мондæгты фæмысы Фæливын æмæ сайыны дзырдтæ, Кæлæнгæнæг, цæстфæлдахæн ныхæстæ Æвзоиг чызд’жыты сайынæнГ Нæ, Лелæн йæ зарджытæ, йæ ныхæстæ вæййынц Æрмæст мæнгард æмæ фæлывд. Рæстдзинад Æмæ сыгъдæг æнкъарæнтæ сæ нæй, Æрмæст мырты ’мбæхст судзаг хуры тынтæ. Митæ, мæ хур, лидз Лелæй дарддæр! Фиййау Йæ уарзон фырт у Хурæн æмæ, хурау Æнæфсæрмæй, æдзынæгæй кæсы Æппæтæн дæр сæ цæстытæм, стæй, хурау Мæстыгæр у, æгъатыр у. М ит æ Мæ фыд, Æз коммæгæс чызг дæн, фæлæ ды Лелмæ, Стæй хурмæ дæр хæрам цæстæй кæсыс, Æз Лелæй дæр, стæй хурæй дæр нæ тæрсын. У а л д з æ г Мæ рæсугъд чызг, миййаг æнкъард куы уай, йе исты хъуаг — чызджы зæрдæ æмхиц у Кæм лентытæм, кæм цонгдарæн æвзистмæ, Кæугæ дæр ма сыл акæны — æрцу-иу 21
Уæд цады былмæ, рухс Хуры фæзмæ. Фæдзур-иу мæм. Цыфæнды курай — «нæ» дын Нæ зæгъдзæни дæ ныййарæг мад. М и т æ Бузныг, Мæ рæсугъд мад. М и т æ г Изæрæй-иу дæхи Куы ирхæфсай, уæд хъæдмæ лæуу æввахсдæр, Мæ лымæнтæн ныффæдзæхсдзынæн æз, Цæмæй дæ уыдон хъахъхъæной. А-у, Мæ хæлæрттæ! Хъæдтаг цæрджытæ, сырдтæ! Фынæй стут, цы? Æрыхъал ут, мæ хъæрмæ Фæзынут тагъд! Хъæдæй уыгтæ уасынц. А-у, а-у! Бæласы мæрайæ слæсы X ъ у ы н а х о р, зивæггæнгæ, йæ ком ивазы. Хъуынахор А-у! М и т æ г Митæйы мын хорз хъахъхъæнут! Сырд, хъус-ма, Æддагон уа, йе — фиййау Лел, куы цæуа 22
Миййаг æввахс, кæнæ тыхæй куы хъава Йæ хæссынмæ — Митæйы фарс-иу уæд Хъæддых фæлæуу сæрхъæн фиййауы ныхмæ — Фæсай-иу æй, дæ разæй-иу æй асхой, Фæдзæгъæл æй кæн тархъæды, ныссадз æй Иæ къубалмæ бæзджын цъыфдзасты. Хъуынахор Хорз. Иæ къухтæ дзуарæвæрд акæны æмæ ныххауы бæласы мæрайы. Дардæй хъуысы хъæлæба. У а л дз æг Æрбабырсынц хъæлдзæгæй берендейтæ. Цæуæм, Митæг! Мæхи Митæ, хæрзбон! Мæ хъæбул, цæр хæрзамондæй! М и т æ Мæ дзæбæх, Мæ рæсугъд мад, ыссарон, æви нæ, Уæддæр мæхицæн агурдзынæн амонд. М и т æ г Хæрзбон, Митæ, мæ цъæх чызг! Карст быдыртæй Нæма уыдзысты уыгæстæ æфснайд, Раст афтæ дæм æрбаздæхдзынæн, ног та Уæд фендзыстæм. 23
У а л дз æг Бæргæ дын у ныр афон Фыдæх хæлармæ ивынæн. Ныууадз Дæ тымыгътæ! Æгас хъæубæстæ уартæ Цæрвæхсины æрбаласынц... Цæуæм. Ацæуы. Дардæй хъуысы хъæлæстæ: «Æгъдауджын Цæрвæхсин!» М и т æ г, фæцæйцæугæйæ, хæрзбон кæны М и т æ й æ н йæ къу- хæй. Тымыгъ æрынцайы, мигътæ алидзынц. Бæстæ ныйирд Ы. Берендейтæ къордгæйттæй, — иутæ дзоныгъыл хъæдмæ баласынц Ц æ р в æ х с и н ы б ы д ы р г ъ, иннæтæ лæууынц æддæдæр 4-æм ФÆЗЫНД Митæ, Гæвзыкк, Гæвзыкка, берендейтæ. БерендейтыЬаг къорд (Цæрвæхсины ласджытæ) Райсомраджы ныууасыди уасæг, — Уый æрцыди нæ уалдзæг. Хæрзбон у, Цæрвæхсин! Адджын, сойджын хæринаг нын дардтай, Мырæг, къуымæл нын дардтай. Хæрзбон у, Цæрвæхсин! Бирæ фæкодтам цинтæ, кафгæ, Арфæ дын кæнæм, арфæ. Хæрзбон у, Цæрвæхсин! Мах хъæлдзæгæй ды дарыс, Уæд харæйæ дæ дарæс. Хæрзбон у, Цæрвæхсин! 24
Мах дæ уарзонæй фæхастам, Дзоныгъыл дæ фæластам. Хæрзбон у, Цæрвæхсин! Аласдзыстæм дæ дард нæ бæстæй, — Ничи дæ уындзæн йæ цæстæй. Хæрзбон у, Цæрвæхсин! (Дзоныгъ хъæдмæ баласынц æмæ иуварс ацæуынц.) 2-а г къо р д О, не ’гъдауджын Цæрвæхсин! Ды куы ’рцæуыс — хъæлдзæг вæййы нæ цард, Ды куы цæуыс, уæд та кæнæм æнкъард. Ма нæ ацу ды, о, ма нын ацу дард, Раздæх-ма, Цæрвæхсин, раздæх-ма нæм! О, не ’гъдауджын Цæрвæхсин! Раздæх-ма нæм ды, иу-æртæ боны! Кæд нæм не ’здæхыс иу-æртæ боны, Иунæг бон ма нæм уæд та абад, Иунæг бон, æрмæст иучысыл, сахат! О, не ’гъдауджын Цæрвæхсин! 1-а г къо р д О, хуылыдзкъæдзил Цæрвæхсин, Айс нæ уæзæгæй дæхи, Ныр дæ рад-афон фæци! Хæхтæй уадз лæсæнтæ, Райгас уæнт нæ кæмттæ, Бафснай ныр дæ дзоныгъ, Рæвдз кæн ныр дæ дзывыр! Хъæлдзæг-Уалдзæг — 25
Не ’стыр удлæууæн æрцыд. О, хуылыдзкъæдзил Цæрвæхсин! Айс нæ уæзæгæй дæхи, Ныр дæ рад-афон фæци! Цæй, бафснай дæ дзоныгъ, Мыдычыргъæд даргæ! Ныр кусгæ уæрдоныл, Ныр уалдзæгыл— заргæ! Хъæлдзæг-Уалдзæг — Не ’стыр удлæууæн æрцыд. 2-а г къо р д Хæрзбон, о, не ’гъдауджын Цæрвæхсин! Кæд уæм сæрæгас мах, уæд та Кæрæдзи фендзыстæм; ныр та Хæрзбон, о, не ’гъдауджын Цæрвæхсин! Цæрвæхсины быдыргъ Æрцæудзæн сæрд, фæуыдзæни, Фæуыдзысты йæ хур бонтæ. Бур фæззæг дæр аивгъуийдзæн Йæ куыристæ, йæ куывдтимæ, — Мæйдар æмæ куырм æхсæвтæ Æрвитдзыстут хурхæтæны. Уæд та зымæг ныллæудзæни, Арс риздзæни йæ лæгæты. Æрцæудзæни хъызты рæстæг, Хъызты рæстæг, куывдты бадæн — Хурхæтæнмæ кувæн бонтæ. Хъызт ацæудзæн, уад радымдзæн. Хъызт æмæ зилгæдымгæты 26
Бон даргъ кæндзæн, æхсæв — цыбыр. Нæ хæдзæртты хъæмпын царты Базмæлдзысты хъæмпыцъиутæ. Тад ихы донæй нуаздзысты Кæрчытæ æмæ уасджытæ. Уæд хуссæрттæм, хъæмпрæбынтæм Сывæллæттæ ракæлдзысты Хуры хъарммæ сæ хæдзæрттæй. Хуры хъарммæ хурсудзæнты Хъуджы фæрстæ æртæфсдзысты, — Уæд уæм æз дæр фæзындзынæн. Фæаууон вæййы. Гæвзыкк фæлæбуры афтид дзоныгъмæ, Гæвзыкка йæ фæдыл Гæвзыкка Нæхимæ цом! Г æ в з ы к к Фæлæуу-ма! Уый та куыд? Ау, куывд фæци? Нырма бынтон хæрзчысыл Куы бахордтон кæйдæр фæрныг хæдзары. Куыддæр «мæхи фæрасыг кæнон» загътон, Кæйдæр фынгыл куы фæцæйсастон ме ’стонг, Цæрвæхсин уæд æрбамарди. Хъыгаг, Егъау бæллæх! Куыд ма цæрон ныр хъуамæ Æххормагæй, æнæ Цæрвæхсин ма Куыд быхсон æз? Гæвзыккæн нæу йæ бон! Нæ, нæу йæ бон! Цы фæкæна ныр хъуамæ Мæгуыр Гæвзыкк йæ расыггæнаг сæр? (Зары æмæ кафы.) 27
Дæн гæвзыкк æмæ мæгуыр, Нæй мæм суг, иæдæр къуыдыр, Нæй мæм мулк, нæдæр хæдзар, Нæй мын фос, нæдæр бындар. Г æ в з ы к к а Нæхимæ цом, æдзæсгом, адæм худынц. Берендейтæ Ныууадз æй, цæй! Гæвзыкка Æгас къуыри фæхырхта, Кæйдæр хæдзары бады — хи хæдзар та Хæрзуазал у. Г æ в з ы к к Æмæ нæм нал и суг? Гæвзыкка Кæцæй нæм уа? Суг тархъæдæй йæхæдæг Нæ фæцæуы. Г æ в з ы к к Куыд нæ мын загътай ныронг? Гъе, ахæм у, — нæ фæзæгъы. Кæс-ма: Фæрæт мæм ис, дыууæ ’ргъомы бæрц сугтæ Æрдавдзынæн æмæ æгъгъæд, Ам лæуу! 28
Фæцæуы хъæдмæ, ауыны М и т æ й ы, йæ сæрæй йын акувы æмæ йæм джихæй кæсы. Фæстæмæ раздæхы йæ усмæ æмæ йæм сиды хъæдмæ. Уыцы рæстæджы М и т æ рацæуы къутæрæй æмæ кæсы берендейтæм, бæласы мæрайæ скæсы Хъуынахор. Г æ в з ы к к (йæ усæн) Кæс-ма, кæс-ма: уæздан æхсин. Гæвзыкка Кæм и? (Ауыны Хъуынахоры.) Ахх, дæлдзæх фест! Гъе, уый дын тутсæр, гъе. (Раздæхы, йæ лæгæн.) У! къупыри! Дæ хурхыл дын ныххæцин! М и т æ фæстæмæ баздæхы йæ бынатмæ. Хъуынахор ацæуы хъæдмæ. Берендейтæй иу Цæй фæдыл у уæ быцæу? Г æ в з ы к к Ракæсут-ма: Æнахуыр чызг, цæсгомджын берендейтæ! Иууылдæр кæсынц бæласы мæрамæ. 29
Берендей (дисгæнгæ) Раст хуры чызг! Æгас уа, цы? Æгас. Уæздан кæрцы, æрмхудты, стæй басмахъты. Г æ в з ы к к (Митæйæн.) Зæгъ-ма, æхсин, кæдæм дæ фæндаг дарыс? Дæ ном куыд у æмæ кæмæй дæ ды? М итæ Митæ мæ ном. Кæдæм цæуон — нæ зонын. Кæд дæ фæнды, уæд ахонут мæн уемæ. Г æ в з ы к к Цы ранмæ уæд, нæ зондджын Берендеймæ, Нæ паддзахы галуанмæ? М и тæ Нæ, уæхимæ Мæн бафæндыд уæ хъæуы цæрын. Г æ в з ы к к Бузныг. Ныххатыр кæн, фæлæ кæмæ? 30
М и тæ Фыццаг мæ Цы лæг федта, уыдзынæн уымæн чызг. Г æ в з ы к к Æцæг уа уый, мæнмæ цæуыс æцæг? Митæ «о» кæны йæ сæрæй. Зæгьут-ма ныр, Гæвзыкк æлдар цæмæй нæу! Гъей, адæмтæ, мæ парахат хæдзармæ Æмбырд кæнут, — уый авд æнцой æмæ Æртæ цæджындзы уромынц! Цæут мæм, Цытджын кънйæзтæ æмæ бояртæ, курæг, Хæссут мын ныр зынаргъ лæвæрттæ, стæй мын Лæгъстæ кæнут, æз ныр æлдар дæн, хъал! Гæвзыкка Ай диссаг нæу: цæрын, цæрын дунейыл, Æмæ рæстмæ мæхицæн аргъ нæ зонын. Гæвзыкк, кæнгæ Митæйы æмæ цом! Гъей, хорз адæм, фæндаг, фæндаг нын! Иуварс! М и т æ Хæрзбон, мæ фыд! Хæрзбон мæ мад! Бæлæстæ, Хæрзбонтæ ут! Хъæлæстæ хъæдæй Фæндараст у, фæндараст! 31
Бæлæстæ æмæ къутæртæ сæ сæрæй кувынц М и т æ й æ н. Берен- дейтæ тæссæй фæлидзынц. Г æ в з ы к к æмæ Гæвзыкка акæ- нынц М и т æ й ы. ФЫЦЦАГ МИ УÆВДЖЫТÆ М итæ. Г æ в з ы к к Æ н æ б ы н. Гæвз ы к к а. Л е л, фиййау. М æ л д з ы г, хъæздыг лæг. У а р д и, йæ чызг. Хæлуарæг, берендейаг хъæздыг базаргæнæг. Цинæда | хъæууон чызджытæ. Чысылхур) ^ Г æ д ы в а д | Г а г и 1 хъæууон лæппутæ. Л а л ы м б и ] Ф и д и у æ г. Хæлуарæджы фæсдзæуинтæ. Ас адæм — усæй, лæгæй, лæппуйæ, чызгæй. Фаллагфарсаг хъæу Берендей. Рахизырдыгæй — Гæвзыккы мæгуыр хæдзар, йæ иу тигъ фæгуыбыр ис, йæ разы — бандон. Галиуырдыгæй — М æ л д з ы д ж ы хъæздыг хæдзар. Рæбынæй — уынг, йæ сæрты — Мæлдзыджы хуымæллæгдон æмæ мыды- бындзыты чыргъæдтæ. Сæ астæуты цæуы фæндаг донмæ. 1-аг ФÆЗЫНД. М и т æ бады Г æ в з ы к к ы хæдзары раз æмæ æлвисы. Уынджы æрбацæуы фидиуæг, йæ худ æркæны даргъ хъилыл æмæ йæ сда- ры бæрзонд. Фæйнæрдыгæй æмбырд кæнынц хъæудзæрджытæ. Г æ в з ы к к æмæ йæ у с рацæуынц сæ хæдзарæй. 32
Ф и д и у æ г Хъусут, хъусут, байхъусут, Паддзахы хорз адæмтæ, Ацы хъæууон берендейтæ!. Паддзахы фæндонæй, Паддзахы ныхасæй, Рагон фыдæлтон æгъдауæй, Райсом изæрæхсидыл Рацæут-иу хъарм рæстæджы Паддзахы фæдзæхст хъæдмæ, Уæд хъазынмæ, уæд зарынмæ, уæд кафынмæ, Дидинджытæ бийынмæ, Алы хъæзтьпæй хи ирхæфсынмæ Изæрæхсидæй суанг сæуæхсидмæ. Сцæттæ, срæвдз уын кодтой Сау бæгæны хъæбæр хорæй, Бæзджын мыдтæн сæ хуыздæртæ. Иннæ бон та сæумæцъæхæй Хуры скастыл куыд фембæлат, Куыд раттат салам рухс Хурæн. Хъилæй райсы йæ худ, цыппарырдæм йæ сæрæй акувы æмæ ацæуы. Ацæуынц иннæ адæм дæр. Гæвзыкк æмæ Гæвзык- к а бацæуынц М и т æ м æ æмæ йæм кæсынц, сæ сæртæ тилгæ. Г æ в з ы к к Хе хе! Хо-хо! Гæвзыкка Æнæсæрымагъз! Тутсæр! Г æ в з ы к к Ай худæг нæу? 3 Митæ 33
Гæвзыкка Æркодтам хъæдæй чызг, Ныфс нæ уыди — æрхæсдзæн йемæ амонд, — Кæйдæр ныхæстыл баууæндыдтæ ды; Мæгуырæн, дам, кæнгæ цотæй ис амонд, Æмæ ныр ку! — Дæ зæрондæй дæ сæр Фæхудинаг. Г æ в з ы к к Мæгуыры бонтæ ’рвитын, Мæгуыргурæй мæ’цард æрвитын — уый Мæ хъысмæт у. Цыфæнды хъуыддаг райсæд Мæгуыр Гæвзыкк — нæ йын кæны рæстмæ. Ыссардтон хъæды чызг, зæгъын, хæдзары Æххуыс уыдзæни сидзæр, фæлæ кæм! — Æрдуйы бæрц нæ феххуыс. М и т æ Магуса дæ, Æмæ мæгуыр дæр уымæн дæ. Хæтыс Бон-изæрмæ æгуыстæй, æндæр куыстæй Нæ лидзын æз. Г æ в з ы к к Цæмæн хъæуы дæ куыст?, Цы пайда у? Хъæздыг нæй уымæй суæвæн, Æрмæст хæрдваг, хæрдваг та ссарæн ис Æгуыстæй дæр — мæгуыргуры къæбæртæй 34
Гæвзыкка Фæрыстыстæм, нæ бон мæгуырæй нал у, Ныр ацæрæм хъæздыг цардæй дæр. М и т æ Чи уæ Хъыгдары уæд? Цæрут. Г æ в з ы к к Ды нæ хъыгдарыс. М и тæ Кæд афтæ у, уæд ацæудзынæн æз Уæ хæдзарæй. Хæрзбонтæ ут. Г æ в з ы к к а Æрлæуу! Цæр ам æнцад. Фæлæ рох ма кæн мах дæр, Дæ кæнгæ хорз ныййарджыты! Сыхæгтау, Хъæздыгæй мах дæр ацæрын фæнды. Æри-ма мын бæзджын æхцадон — фенис: Æз ахæм хорз сыкъаджын худ æркæнин, Æмæ дæ къухтæ, дисгæнгæ, цæгъдис. М и т æ Кæцæй уа мулк мæ хуызæн чызгмæ — сидзæр! Гæвзыкка Дæуæн, мæ чызг, дæ рæсугъддзинад мулк у. 35
Г æ в з ы к к Куы нæ уа мулк, уæд архай зондæй. Уæгъды Нæ акæнынц: æхцайæ зоид хуыздæр у. Цырагърухсæй æгас дунейыл агур — Зæххыл дæхицæй амоидджындæр нæй: Дæ курджытæ, сæ мииæвæрттæ — бирæ, Къæсæрихсыд нæ бакодтой. — Усай, Цы усгур уыд! Гæвзыкка Цы гæнæн ма ис! Уыд Æмæ ныр иал ис. Г æ в з ы к к Лæппутæ дæ фæдыл Куыд сæрра сты! Рæгъаугай æмæ дзуггай Сæхи дæ фæдыл калдтой! О, — ныууагътой Сæ куырд чызджыты, се ’ппæт дæр дæуыл Фæхылтæ сты, фæхъаугъатæ. Усай, Цы хур нæм каст! Гæвзыкка Æгъгъæд сæ мыс, Æнæбын, Мæ мастыл мын цæхх мауал зæр. Уыдис Нæ къухты мулк, æмæ йæ а-ныр райсæм, Уæд алыгъдис нæ къухты саджилтæй. Г æ в з ы к к Æмæ фæсырдтай се ’ппæты дæр ды Дæ тызмæгæй, дæ дæрзæг дурзæрдæйæ. 36
М и тæ Цы сæ хъæуы, цы зылдысты мæ фæдыл, Цæй тыххæй мæ ныууагътой — æз нæ зоиын, Тызмæг та мæ бынтон дзæгъæлы хоныс, — Тызмæг иæ дæн, фæлæ сабыр, хæдæфсарм. Г æ в з ы к к Хæдæфсарм ды? Æфсарм хъæуы æрмæст Хъæздыг чызджы. Æнамонд у мæгуыр, — Цы хъæуа — нæй, цы йæ нæ хъæуа — бирæ. Ис бонджынтæ, сæ чызджытæн чысыл Æфсармдзинад æхцайæ дæр æлхæнынц, Ай-гъай, фæлæ мах ницæмæи хъæуы. М и тæ Цы уæ хъæуы, æнæцæстуарзон адæм, Мæгуыр æнамонд сидзæрæй сымах? Г æ в з ы к к Рæвдау, хæстæг уадз лæппуты. М и т æ Æмæ уын Мæ зæрдæмæ куы нæ цæуой, уæд та? Г æ в з ы к к Уæддæр фæраз, дæ зæрдæмæ нæ цæуы, Фæлæ йæ сай дæхимæ. Уæд дæм уый дæр 37
Кæндзæн æнгом, æнувыд дыл уыдзæн, Цæудзæни дæм. Гæвзыкка Дæ мадæн дын лæвæрттæ Хæсдзæн æдзух. Г æ в з ы к к Æмæ дæ фыдæн дардзæн Бæгæны, мыд. Чысыл фæцæуа — бирæ, Уæддæр уыдзæн ныййарджытæн пайда. Сæ иуимæ куы сфæлмæцай — æрцæгъд ын Иæ дзыппытæ æмæ та ссар æндæры, Æрбасай йæ. Гæвзык^ка Æмæ та мын — лæвæрттæ. Г æ в з ы к к Мæнæн та мыд æмæ бæгæны! Куывд Æрвылбон дæр, æрвылæхсæв дæр — нуазгæ, Гъе, уый уаид æцæг закъонæй цард! М и тæ Мæ бæллæх у, рæвдауын кæй нæ зонын. Фæдзурынц, ис, дам, уарзондзинад царды, Чызгæн, дам, нæй æнæбауарзгæ искуы, Æз та нæ зонын, уарзондзинад циу, Цы дзырдтæ сты «мæ зæрдæдарæн», «ме ’сакст». 38
Æз чызджытæн сæ цæссыгтæ уыдтон Сæ уарзæттæй иппæргæиæ, сæ цин та — Сæ мойæгтыл æмбæлгæйæ; фæлæ Цæмæй гуырынц сæ цæссыгтæ, сæ худын, Æппындæр уымæн ницы хатын æз. Г æ в з ы к к Хуыздæр у уый, æгайтма йæ нæ зоныс, Куыд уарзынц, уый. Гæвзыкка Ай-гъайдæр у хуыздæр! Кæннæуæд иу мæгуыры бауарздзынæ Æмæ дæ цард хæрзхъизæмар уыдзæн, Гæвзыккимæ мæ хъизæмайраг цардау. Г æ в з ы к к Ды лæппутæн сæ иуы дæр нæ уарзыс, — Æмхуызон сæ рæвдау, кæс сæм дзæбæх, Æмæ сын раст сæ хъæздыгдæры равзар, Сæ лæгдæры,- æмæ дæ зæрдыл дар, Цæмæй йын ма уа даринæгтæ, хистæр: Куы йæ ссарай, уæд дзы цæттæ кæн мой, Стæй ахæм мой, цæмæй йæм уа Гæвзыккæн Хæрзæнцой цард, хæринаг æмæ кад. Гæвзыкка Æз уын куыд уон бæркадарм æфсин, хицау. 39
М и тæ Чызгæн кæд нæй æнæбауарзгæ искуы, Кæд мойыл нæй æнæфæкæугæ, уæд Кæсут æнхъæлмæ — ахæм бон æрцæудзæн. Г æ в з ы к к Гъе, уый дын чызг! Æдде хъуысы фиййэуы уадындзы уасын. Гæвзыкка Гъе, уадындзы хъæр! Хъомгæс Æртардта хъом. Нæхицæн нæй, фæлæ Цон, искæй хъугыл аирхæфсон зæрдæ. Ацæуы. Фæзынд Л е л иу берендеимæ æмæ бацæуы М æ л д з ы- д ж ы хæдзары размæ. Мæлдзыг ракæсы йæ къæсæрæй. 2-аг ФÆЗЫНД Г æ в з ы к к, М и т æ. Л е л, М æ л д з ы г, б е р е н д е й. Берендей (Фиййау Лелмæ амонгæйæ.) Цы фæуа ай? Сымах рад у, кæнгæ йæ. М æ л д з ы г Нæ мæ хъæуы. 40
Б ер ендей Æз дæр зыд лæг нæ дæн, М æ л д з ы г Уæртæ Гæвзыкк. Цæй, бакæнон æй уымæ! Л ел (йæ сæрæй ныллæг кувгæйæ) Цы уыл æрцыд, уæздан лæгтæ, фиййауæй Цы лидзут дардмæ, раст цыма рыи у? М æ л д з ы г Уæздан митæй æндæр искæйты асай, Фæлæ дæ мах, мæ хур, иттæг хорз зонæм. Лæджы хæзнайæн нæу æдас дæуæй. Бацæуы Гæвзыкк Б е р е н д е й Гæвзыкмæ цу, æхсæвиуат кæн уымæ! Г æ в з ы к к Цытæ дзурыс? Цæй бынат ис мæнмæ? Æви дæ ферох, æз бынтон сæрибар Кæй дæн хæрдзтæй мæ мæгуыры тыххæй; Нæй уый гæнæн. Цытæ дзурыс, æрра сдæ? 41
М æ л д з ы г Хардз ма бакæн, — æхсæвиуат ын ратт! Г æ в з ы к к Æхсæвæр мæ нæ курдзæн? Цалдæр боны Мæхæдæг æз зыбыты ’ххормаг дæн, Æмæ ма сын сæ фиййауы хæсс ноджы! М æ л д з ы г Æхсæвæр ын уыдзæн нæхицæй, ма тæрс, Дæуæй æрмæст æхсæвиуат, хардз — нæй. Г æ в з ы к к Æфсымæртæ, ныууадзут ма мæ! Л е л Хорз лæг, Цæй, бауадз мæ! Г æ в з ы к к Къæбæрыл кæд нæ тыхсут, Уæ сынтæг дзы нæ баихсидзæн уæд. Берендей Æрбайхъус-ма, цы хъуыддаг у, уый бамбар; Гуырысхойаг у Лелы уадзын, — уымæ (Мæлдзыгмæ амонгæйæ.) Чындздзон чызг и, куырдуаты ис, 42
Г æ в з ы к к Хорз, уымæ Чындздзон чызг и, фæлæ дæумæ та? М æ л д з ы г (берендеймæ амонгæйæ) Рæсугъд у*с у, лæппу йе ’фсин уарзаг, лæмæгъ... Дæ хорзæхæй, фæхицæн нæ кæн Лелæй, — Нæ рады йæ дæхимæ бауадз. Мах дын Дæ хæрзиуæг нæ фæкæндзыстæм рох, Фæйнæ сомы дын ратдзыстæм. Г æ в з ы к к Уæ раны Уый бирæ нæу. Фæлæ хъусут? — мæнмæ дæр Къабуска ис, æмæ сæгъ бауадзын Мæнæн дæр нæу тыхджын пайда. М æ л д з ы г Ныууадз-ма, Ды та дзы уæд цæмæй тæрсыс? Митæ Нæ чызджытау, нæ устытау куынæ у. Г æ в з ы к к Цæй, афтæ фод, — Лел, махмæ баззай. 43
М æ л д з ы г Бузныг, Цы бацагурай — баныхас кæндзыстæм, Дæ хæрзиуæг дын бафиддзыстæм мах. Мæлдзыг æмæ Берендей ацæуынц. Л ел (Гæвзыккæн ) Дæ барæвдыд, дæ хъарм къуымæн дын фиййау Хорз бафиддзæн йæ арфæтæй æмæ Йæ зарджытæй. Цæй, азарон дын, хорз лæг? Г æ в з ы к к Æз зарджытæм цыбæл нæ дæн, вæййынц Æхсызгон уыдон чызджытæн, мæнæн та Къæртайы дзаг адджыи бæгæны рауадз, Æмæ мæ уæд дæхицæн хон лымæн. Кæд дæ фæнды, уæд — заргæ æмæ кафгæ Митæйы раз, æрмæст ын уæгъды ма кæн Уæздан ныхас, — рæвдауынмæ чъынды у. Рæвдауы, уарзы бонджынты æрмæст, Фиййауæн та — салам æмæ фæндараст! (Ацæуы.) З-аг ФÆЗЫНД М и т æ æмæ Л е л Л е л Дзырд ратдзынæ ныззарыныл? 44
Митаё Дзырд раттьШ Мæ барты нæй, фæлæ дæ кургæ-курын. Мæ иунæг бæллиц зардмæ хъусын у. Кæд дæ фæнды, кæд дын зын нæу, уæд азар! Дæ хорзмæ дын лæггадæн æз — цæттæ. Рæсугьд нывгонд æмбæрзæнæй дын фынг Æмбæрздзынæн, цæхх æмæ дын кæрдзын Æрхæсдзынæн мæхи къухтæй, стæй райсом, Куы скæса хур, уæд дæ кæндзынæн хъал. Л е л Дæ лæггæдты аккаг нæ дæн. Митæ Уæдæ дын Дæ зарджытæ цæмæй фидон? Л е л Саламæй, Лæгъз ныхасæй. Ми тæ Æмæ цæй аргъ у уый та? Æз алкæмæ лæгъзныхас дæн. Л е л Мæ зардæн Нæ домын мызд. Мæгуыр фиййау-лæппуйæн Æхсызгондæр, хæлардæр вæййы пъа. 45
Митæ Ау, пъайы тыххæй заргæ кæныс? Афтæ Зынаргъ у пъа? Æгасцуайæн, хæрзбонæн Фæпъа кæнын æз алкæмæн дæр, — пъатæ Дзырдтау вæййынц: хæрзбон æмæ æгас цуай! Ды азарыс чызгæн дæ зарæг, уый та Дæуæн фæфиды пъайæ, — худинаг æм Куыд нæ фæкæсы афтæ аслам фидын, Хæларзæрдæ, хæрзвидыц Лелы сайын? Нæ, мауал азар чызджытæн, нæ зонынц Рæстмæ сæ аргь дæ хорз зарджытæн. Æз Дæ зарджытæн фылдæр аргъ кæнын пъатæй Æмæ дын пъа нæ акæндзынæн, Лел. Л е л Уæд та мын ратон дидинæг лæварæн Мæ зарæгыл, æгъгъæд мын уыдзæн. М и тæ Хъазыс, Мæстæй марыс. Цы дын у дидинæг? Кæд дæ хъæуы, уæд æй дæхæдæг ратон. Л е л Уый бирæ нæу, фæлæ лæвар Митæйæ Зынаргъ у тынг. М и т æ Цæмæн мын афтæ дзурыс? Цæмæн мæ сайыс, Лел? Уæлдай дын нæу, 46
Кæмфæнды райс ды дидинæг, чысыл æм Куы басмудай — æппаргæ йæ кæндзынæ. Л е л Уый фендзынæ. Æри-ма йæ. М и тæ (Дæтты йæм дидинæг.) Гъа, айс! Лел Зынгæ ран æй æрсадздзынæн, цæмæй йæ Дзæбæх уыной нæ чызджытæ. Куы фæрсой, Кæмæй мын у, уæд сын æргом зæгъдзынæн, Митæ мын æй кæй ракодта лæвар. (Зары.) Æрыскъæф, сырх æрыскъæф Къутæры бын байрæзти, Мæгуыр чызг та, сидзæр чызг Фыдæбонæн райгуырди. О, мæ дуне, ме ’скаст. Æрыскъæф, сырх æрыскъæф Æнæ хурæй рарæгъæд. Мæгуыр чызг та, сидзæр чызг Æгæсæгæй байрæзти. О, мæ дуне, ме ’скаст! Æрыскъæф, сырх æрыскъæф 47
Æнæ хурæй басидзæй, Мæгуыр чызг та, сидзæр чызг Æнæрæвдыд батайдзæн. О, мæ дуне, ме ’скаст! М и т æ, кæуынæввонг, йæ къух æруадзы Л е л ы уæхскыл. Л е л æваст ныззары хъæлдзæг зарæг. Тархъæдæй уынæр цæуы, Фиййау зарджытæ кæиы, О, мæ сæрибар! О, мæ назджын, назы хъæд, Мæ рæхснæг бæрз бæлæстæ, О, мæ бархиад! Къутæрты ’хсæн, аууæтты, Иу нарæг къахвæндагыл Фæуайы чызгай. Дидинджытæ фæхæссы — Иу баст дзы у фиййауы, Иннæ та — йæхи. О, мæ рæсуг цъайы дон, Хъуынатæ мæ цъыфдзастмæ Ма ракæл миййаг. Ма хъыгдар, мæ рæсуг дон, Фæндæгтæ ’мæ къахвæдтыл Чызгайы цæуын. Басабыр у, назы хъæд; Талынг къохы нæзытæ, Ма кæнут къæс-къæс. Ма ызмæлут, къутæртæ, Бауадзут рæсугъд чызджы Иу ныхас зæгъын. 48
Дыууæ чызджы дардæй сидынц Л е л м æ. Уый сисы, М и т æ йын кæй радта, уыцы дидинæг æмæ йæ аппары, стæй ацæуы чызджытæм. М и тæ Кæдæм лидзыс? Мæ дидинæг мын ма ’ппар! Л е л Цæмæн хъæуы дæ хус дидинæг мæн? Кæдæм тæхын? Фæкæс-ма уалæ: бæрзыл Æрбадти цъиу. Уый азардзæн чысыл, Стæй атæхдзæн: цæй уромæн ис уымæн? Уыныс, мæнмæ æнхъæлмæ кæсынц уартæ. Дугъ уайдзыстæм, кæндзыстæм хъазгæ, худгæ, Кæрæдзи хъусы — сабыр сусу-бусу, Тызмæг мадæлтæй сусæгæй, фæсаууон. (Ацæуы) 4-æм ФÆЗЫНД Митæ — иунæгæй. М итæ Куыд риссы ам, мæ зæрдæйæн куыд зын у! Уæззау дурау, мæ дидинæг ныххаудта Мæ зæрдæйы, — куыд æй сæууæрста Лел, Куыд аппæрста! Мæхæдæг дæр цыма Æппæрст дæн ныр, ныууагъта мæ. Ныххус дæн Йæ хъал ныхæстæй. Алыгъдис æндæртæм. Хуыздæр у уым, цъæхснагдæр у сæ худын, 4 Митæ 49
Сæ ныхас — хъарм, рæдаудæр ысты пъатЫЛ, Сæ къухтæ йын йæ уæхсчытыл æвæрынц, йæ цæстытæм ын комкоммæ кæсынц, Æнæфсæрмæй йæ хъарм хъæбысы тайынц. Хъæлдзæг у уым, уым цин и! Хъус-ма, худынц! Æз та лæууын, кæуынæввонг, мæстæлгъæд, Мæхи хæрын, кæй мæ ныууагъта Лел... Æмæ цæмæй у аххосджын. Хъæлдзæгдæр Кæм у, йæ зæрдæ уырдæм тындзы. Раст у Хæрзæгъдау Лел. Кæм уарзынц, уырдæм лидз, Уым агур уарзт, ды уарзтæн дæ. Мæнæн та Мæ зæрдæ у кæмдæриддæр хæрз уазал Æмæ дæу дæр нæ бауарздзæнис уый. Фæлæ уæдæ цæуыл тыхсын, мæ риу мын Цы ’ууилы маст, æнкъард æмæ хæлæгæй Цæмæн кæсын уæ цин æмæ уæ хъазтмæ, Дзæбæх фиййауы амондджын æмбæлттæ? Мæ фыд Митæг, ды бафхæрдтай дæ чызджы, Фæлæ æз исты схос кæндзынæн. Тагъд Рæсугъд фæрдгуыты, къухдарæнты ’фсон Мæхи зынаргъ мад Уалдзæгæй хæрзчысыл Æз райсдзынæн зæрдæйы тæваг хъарм Æмæ мын уый мæ зæрдæ цъусгай тавдзæн. Уынджы фæзынынц Ч ы с ы л х у р, Ц и н æ д а, Г а г и, Г æ д ы- в а д, Л е л æмæ иннæ лæппутæ, стæй та — У а р д и. Лæппутæ, сæ сæрæй акувгæйæ, бацæуынц чызджытæм. 5-æм ФÆЗЫНД Митæ, Уарди, Чысылхур, Цинæда, Гагц, Гæды- в а д, Л а л ы м б и, Л е л æмæ берендейтæ. 50
Ч ы с ы л х у р (лæппутæн) Ныууадзут нæ! Цæут æмæ кæнут Лæгъз ныхæстæ Митæйæн ныр! Ц и н æ д а (Гæдывадæн ) Лæуу дарддæр, Æдзæсгом æмæ дурзæрдæ! Г æ д ы в а д Зæгъут-ма, Кæдмæ уыдзæн нæ хъизæмар? Л а л ы м б и Уынаффæ, Уынаффæ нын! Ц и н æ д а Цæут Митæмæ ныр! Уæ хорз къайты кæм баивтат æндæрыл, Уым нал и ныр æууæнк сымахыл. Ч ы с ы л х у р Кæд Æвзæртæ стæм, уæд ныр хуыздæртæ ссарут. 51
Г æ д ы в а д Æмæ нын кæд нæ ногæй иицы рауад, Уæд та кæдæм? Ци н æд а Нæ кæудзыстæм уæ фæдыл. Г æ д ы в а д Сæттæм, азым. Нæ удтæ ма уын сласæм? Цы ’рцыди, уымæн ферох афон у. Ци нæд а Нæ, уый æваст нæ ферох уыдзæн махæй, — Уый ма ’нхъæлут. (Чысылхурæн.) Дæ цæстытæм дын худынц, Дæ урс риуæй дын сæфтыдтой дæ зæрдæ, Æмæ дæм ныр зæлдаг ныхас кæнынц; Сæхи дæм ласынц, иузæрдыг лæппутау: Цыма дзы мурдæр ницы ’рцыд, азым сæм Æппындæр нæй, ныббарын сын хъæуы! Ч ы с ы л х у р Ныббарæн нæй цæрæнбонтæм дæр уымæн! Г æ д ы в а д Сæттæм, сæттæм, хатыр уæ курæм мах, Фæлæ нын мур тæригъæд дæр нæ кæнут. 52
Ц и н æ д а Дзыхъмард фæу, уæддæр дын нæй тæригъæд. Мах байуæрстам кæрæдзийæ. Л а л ы м б и А-у! Фæнды сырдау ниу! Г æ д ы в а д Байуæрстой нæ? Хорз, — Сæхæдæг нæ æрымысдзысты, фидыд Æркурдзысты. Ци н æд а Куырм загъта: фендзыстæм. Чызджытæ æмæ лæппутæ фæйнæрдæм ацæуынц. У а р ди (Митæмæ бацæугæйæ ) Мæгуыр Митæ, уый иунæгæй куы лæууыс! Нæ лæппутæ дæ ферох кодтой. Лелы Уæд та рæвдау. М и тæ Æнкъард кæнын нæ уарзы Мæнимæ Лел, уый цин хъæуы, рæвдыд Зæрдæбынæй, æз та кæнын æфсæрмы. 53
У а р д и Уæдæ æз та куыд амондджын дæн, куы! Фырцинæй æз зæххыл бынат дæр н’ арын: Кæмæндæриддæр ахъæбыс кæнин, Ныттыхсин ыл, мæ цинтæ йын фæдзурин. Фæлæ мæнмæ кæм хъусы алчи. Хъус-ма, Мæхи Митæ, æмæ фæцин кæн мемæ. Сырх Обауы раз дидинæг тыдтон, Æваст дын хъæдæй иу лæппу фæзынди, Дзæбæх, хæрзконд, йæ рухс цæсгом — сырхуадул, Къæбæлдзыг сæр, рæсугъд дидинæгау, Дæхæдæг зоныс, дур куы нæ у зæрдæ, Æнæуарзон цæй цæрæн ис, — фæстагмæ, Куыд фæнды кæн — æнæбауарзгæ нæй. Æмæ фæлтау рæсугъды бауарз раздæр, Цæйнæфæлтау фæстæдæр уа фыдуынд. Æцæг у: мах нæ чызджы ’фсæрмæй исдуг Нæ зæрдæтæ нæ фæкæнæм æргом, Сæ рохтыл сын хæцæм, фæлæ мыггагмæ Кæй бон вæййы йæхи уромын! Лæппу — Иттæг сæрæн, кæй мæ ракурдзæн, ууыл Ард бахордта, стæй ноджы афтæ тагъд Æмæ мæ сæр куыройы фыдау разылд. Цы уыд, куыд уыд... Æваст, æви сындæггай, Фæлæ нæ фæндон баиу ис. Иæ фыд Хъæздыг лæг у, йæ ном та у Хæлуарæг, Сæудæджергæнæг, паддзахы хъæуккаг. Мæ мад, мæ фыд фæиинтæ кодтой бирæ Мæ цард-нывыл, Хæлуарæг та йæхæдæг Ард бахордта, Хурзæды бон куы уа, йæ дидин-худ уæд хурыскастыл мемæ Кæй баивдзæн нæ паддзахы раз, стæй мæ 54
Кæй ахæсдзæн. Æмæ-иу уæд хæрзбон, — Мæ бинонты, кæ паддзахы хъæубæсты, Æппæты раз хъæздыг æхсинæй æз Æлдары цард æркæндзынæн. Раст абон Мæ Хæлуарæг фæзындзæни иæ хъæумæ, Цæмæй дзæбæх нæ лæпиутииæ, стæй Нæ чызджытимæ базонгæ уа раздæр. Куы йæ фенай, уæд-иу фæцин кæн мемæ! Митæ йын пъа кæны. Фæхъаздзыстæм Сырх Обауыл, æмбырдæй Тымбыл кафты фæкафдзыстæм. Кæс, мæнæ Йæхæдæг дæр. Алидзы æмæ бамбæхсы чызджыты ’хсæн. Бацæуы Хæлуарæг, йæ фæдыл дыууæ фæсдзæуины æд голджытæ. М и т æ æлвиси- наг æлвисы. 6-æм ФÆЗЫНД Митæ, Чысылхур, Уарди, Цинæда, Хæлуарæг, Гаги, Лел, Гæдывад, Лалымби, Хæлуарæджы фæсдзæуинтæ æмæ берендейтæ. У а р д и Мæ удлæууæн чызджытæ, Фæзынд чызджы рæсугъддзинады знаг, Кæндзæни мæ ныййарджытæй, сымахæй. Нымбæхсут мæ, мæ хуртæ, ма мæ раттут! Куы мæ дæттат, уæд та егъау лæварыл. 55
Хæлуарæг (уæздан æркувгæйæ) О, хъазхъуыртæ, цымæ сымах æхсæн Нæ бамбæхсти мæхи рæсугъд Уарди? Ци нæда Гæды зæгъыс, рæсугъд Уарди ма махæн Нæхи хъæуы. Куы йæ раттæм, уæд ма Изæрыгон нæ хъæзтытæ кæимæ Кæндзыстæм мах, кæмæн ма дзурдзысты Нæ чызджытæ сæ сусæггаг хъуыддæгтæ? Хæл у а р æг О, рæсугъдтæ, сымах хъæуы уæ хæлар, Фæлæ мæн та æхсызгондæр хъæуы,— Цæрын зыбыты иунæгæй, æнæфсин: Кæмæ раттон мæ сызгъæрин дæгъæлтæ Хæзнайæ дзаг æфсæн чырынтæй? Ц и н æ д а (чызджытæм) Куыд, Дæттæм ын æй? Ч ы с ы л х у р Цытæ дзурыс! Нæ дæттæм, — Нæ зарджытæ нырма нæ фестæм зард, Нæ хъæзтытæ нæма фæкодтам йемæ. 56
Хæлуарæг О, рæсугъдтæ, сымах хъæуы, уый раст у. Фæлæ мæн та æхсызгондæр хъæуы: Хæрзиунæг дæн, зæгъут-ма: чи мæ хъуамæ Рæвдауа, чи мæм зила, чи мын фаса Мæ къæбæлдзыг рæсугъд сæрыхъуынтæ? Ц и н æ д а Цæй, куыд, дæттæм нæ хæлары? Ч ы с ы л х у р Уæд уал нын Æрæвæрæд егъау лæвар. Цинæда Кæнæ нын Ратт сом, кæнæ та — сомырдæг, кæд сом Æвгъау кæныс — дыууæ суарийы рахæсс Сызгъæринæй, æмæ Уарди уæд дæу. X æл у а р æг Сымахæн æз, рæсугъд чызджытæ, ницы Æвгъау кæнын — лæварæн айсут сом. Йæ чыссæйæ сисы æхцатæ æмæ сæ уары чызджьпæн.) Æнгузтæ æмæ адджинæгтæ та уын Æрластон нау. Лæппутæ æртыхсынц Уардийыл 57
Г а г и Уардийы нын æваст Нæ байсдзынæ. Нæ дын æй дæттæм мах дæр. Йæ фæйнæфарс æрбалæуут, лæппутæ! Лæварæн ын æй ма раттут! Кæннод нын Нæ чызджыты фæхæсдзысты бынтон Æмæ нæ хъæуы нал уыдзæн нæхи фаг. X æ л у а р æ г Чызджытæи мæм — рæвдыд æмæ саламтæ. Сымахимæ та адзурдзынæн æз Æндæр хуызы: æрбадарут уæ худтæ — Лыстæджытæ уын айуарон æмæ Фæуæм ныхас, мæн не ’вдæлы сымахмæ. Г а г и бадары йæ берендейаг худ. Хæлуарæг ын æркæны æхца дыууæ армыдзаджы æмæ акæны У а р д и й ы. У а р д и Мæ удæнцой, мæ сыгъдæг чызгон зæрдæ, Мæ хæлæртты, мæ ныййарджыты æз Дæуыл, мæ дуне, баивтон, — уæлæхох Куы суай мæныл, уæд аскъуындзæн мæ зæрдæ. Иуварс ацæуынц æмæ сбадынц Мæлдзыджы хæдзары раз. Г æ д ы в а д Сымахыстæн, фæхудти уыл Хæлуарæг. Йæ амонд уыд, æмæ мæныл нæ худти, — Мæнмæ йæ ныфс куы бахастаид уый — 58
Сымахау ын нæ ныббарстаин, никæд: Мæ сыхæгты æцæгæлон фыдгулæн Нæ раттаин хынджылæгмæ. Г а г и Æцæг? Æмæ уæдæ цы бакодтаис? Гæды в а д Исты, Дæуау тæппуд нæ дæн. Æз ын ахъаззаг... (Йæ дыстæ фæлдахы.) Г а г и Цу, райдай ды, æмæ дæ фенæм мах. Г æ д ы в а д Цæхгæр дæн æз æмæ мæ къух уæззау у. Æфсымæртæ, хæцут мыл фидар, науæд Егъау бæллæх миййаг куы ’рцæуа. Г а г и Хъахъхъæн, Куы бабырсай, уæд ма фæтæрс. Г æ д ы в а д Нæ, никæд. Нæ хъæуæй йын æнæнадæй нæй уадзæн, Ахъаззаг æй фæхынцæм хъуамæ мах. Лалымби, марадз, исты загъд дзы ракъах. 59
Л а л ы м б и (Хæлуарæгæн) Хæлуарæг, гъей, æрбайхъус-ма, нæ хъæу дæм Фæхæрам ис. Хæл у а р æг (рабады) Цæуыл? Л а л ы м б и Дæ дæрзæг митæм. Хæлуарæг Æцæг? Л а л ы м б и Æцæг. Хæлуарæг (Лалымбимæ бацæуы) Ды дæр мæм дæ хæрам? Цы ныхъхъус дæ? Л а л ы м б и Æз — иу мисхал дæр нæ. 60
Хæл у а р æг Уæдæ лæуу дард. Æрбарвитут æндæры, Зæндджындæры. Л а л ы м б и Æмæ дæумæ гæсгæ, Æз зондцух дæн? Хæл у а р æг Сыгъдæг сæрхъæн. Л а л ы м б и Дзæгъæлы Нæ хъавы дæу ныххойынмæ Гæдывзд. Хæл у а р æг Гæдывад? Кæм? Стæй чи у? Равдис-ма йæ! Æри-ма йæ! Г а г и (Гæдывадыл хæцгæйæ ) Кæдæм лидзыс? Фæлæуу! Г æ д ы в а д (йæ ардауæг лæппутæн) Ныууадзут ма! 61
(Хæлуарæгæн ) Æлдар, дæ хъус сæм ма дар! Мах хъазгæ кодтам ацы ран æрмæст Нæхи мидæг. Ци нæда Æнæсæрфат тæппуд! Гъе, афтæ уын хъæуы. Ч ы с ы л х у р Уæлдай сын нал у! Сæ цæсты разæй ахæсдзысты мах Æддагæттæ. Л а л ы м б и Æмæ мах н’ ацæудзыстæм Æддагæтты чызджытæм? Ц и н æ д а Æмæ мах Сымах бынтон куы ферох кодтам раджы. Лæппутæ æмæ чызджытæ фæцæуынц фæйнæрдæм. У а р д и (лæппутæн) Æдзæсгæмттæ! Сыхаг чызгмæ йæ мойаг Æрбацыди, — уый бауазæг хъæуы, Сымах та хыл, быцæутæ кæнут йемæ. 62
Г а ги Уым аххосд^ын Гæдывад у. Л а л ы м б и Нæ хъæумæ Æддагæтты цæмæн уадзæм? Уæхиуыл Куыд нæ худут — чызг нал уыдзæн нæхицæн! (Уардийæн ) Уыди дын ам дæр мой ссарын нæ бон. У а р д и Дæ бон уыди, фæлæ йæ бæллæх уый у, Æмæ мæнæн дæу уарзын нæу мæ бон. (Чызджытæм) Ныззарут-ма хъæлдзæг зарæг, чызджытæ! Цом цъæх нæумæ æмæ фæхъазæм хорз. Чызджытæ ныззарынц «Быдыры хæрис бæлас» æмæ ацæуынц, лæппутæ та сæ фæдыл; Лел æрбады Митæйы фарсмæ æмæ йæ. уасæн бæтты мæцъыйæ. У а р д и æмæ Хæлуарæг баиæ- уынц М и т æ м æ. У а р Д И Фæстаг хатт ма йæ ирхæфсыс, Митæ Дæ Уардийы, æрмæст ма абон. Цом Сырх Обаумæ, тымбыл хъазтæй фæхъазæм. 63
Сæрибарæй мын бирæ фадат нал ис: Чызгæй ма дæн фæстаг бон бархи æз, Мæ фæстаг бон, мæхи Митæ. М итæ Дæ фæдыл Цæуын, Уарди; ды дæр, Лел, немæ цом. Æз ма нæхимæ ме ’лвисинаг сдавон, Æмæ уæ фæдыл фезгъорын. (Ацæуы сæхимæ.) У а р ди (Хæлуарæгæн) Мæ хур, Цæй, цом уæдæ, æййафдзысты нæ уыдон. Хæл у а р æг Фæлæуу-ма цъус. У а р д и Æнхъæлмæ кæсын1\ махмæ Уым чызджытæ. Хæл у а р æг Зæгъ-ма, Митæ дæуæн Дæ хæлар у, фæлæ уæд Лел та чи у? Рацæуы М и т æ, йæ фæдыл Г æ в з ы к к æмæ Гæвзыкка. 64
7-æм ФÆЗЫНД Митæ, Уарди, Хæлуарæг, Лел, Гæвзыкк, Г æ в з ы к к а. У ар ди Митæйæн уым æнкъард уыдзæн æнæ Лел. Хæл у а р æг Æцæг зæгъыс? Митæйæн уæд хъæлдзæгдæр Нæ уаид мемæ? У а р ди Æмæ уæд æз та? Хæл у а р æг Ды ракæн Лелы. У а р д и Уый та куыд, мæ дуне? Дæу куы дæн æз: мах ахицæн кæндзæн Æрмæст мæлæт. Хæл у а р æг Цæуай, æви нæ цæуай — Æз ам лæууын. Митæ 65
Г æ в з ы к к Дæ хорзæхæй, ныллæуу. У ар ди Уæд уал мын раздæр сау сыджыт ныккал Мæ цæстытыл, уæззау фæйнæгæй та Æн^ом чырын мæгуыр Уардийæн сараз, Стæй ракур уæд æндæры. Нал уындзысты Мæ цæстытæ мæ сафæджы, мæ зæрдæ Нал хатдзæни йæ судзгæ маст. Митæ, Хæлæггæнаг, мæ хуры мын æри! М и т æ Мæ хорз хæлар, æмæ ды дæр, йæ уарзон, Ныууадзут нæ. Дæ карз ныхæстæм хъусын Зын у мæнæн. Митæ сымахæн у Æцæгæлон. Хорз байрайут! Мæ разы Уæ амондæй дæр ма ’ппæлут æмæ мæ Хæлæггæнаг дæр ма хонут уæхимæ! (Хъавы ацæуынмæ) Хæл у а р æг (Уромы йæ.) Нæ, баззай ам, рæсугъд чызг! Чи у уыцы Хæрзамондджын, ды кæй уарзыс? М и тæ Нæй ахæм. 66
Хæл у а р аег Уыдзынæн æз. (Уардийæн.) Уарди, кæс-ма! Уыныс, Ныгуылæны изæрæхсиды рухсмæ Куыд ныгъуылы, сырх мигъы тулгæ, хур? Фæстæмæ ма йæ чи раздахид? У а р д и Хурæн Нæй раздахæи. Хæл у а р æг Цы уарзт нал вæййы, уый дæр Нæй раздахæн, Уарди. У а р д и 0, сагъæс, сагъæс! Мæ чызг-æмбæлттæ, раздæхут фæстæмæ! (Алидзы.) Хæл у а р æ г Мæн уарз, Митæ! Æз, аргъ кæмæн нæй, ахæм Уæздан лæвæрттæй с’ аргъ кæндзынæи хорз Дæ рæсугъдæн. 67
Митæ Мæ уарзт æз уæй нæ кæнын. Хæлуа рæг Уæлæмхасæн дын ратдзынæн мæ цард дæр. Мæ хæзна тагъд, лæггадгæнджытæ, ардæм! Гæвзыкка (Митæйæн.) Æрра сдæ, цы, — миййаг ын ма зæгъ «нæ». Г æ в з ы к к Æрбалухынц нæм голджытæ, — Митæ, Дæ зæрдыл дар ныййарджыты. Гæвзыкка Миййаг сæ Æндæрырдæм куы ахæссой нæ цурты. Иыридæгæн мæ цæстыты раз хъазы Сыкъаджын худ налмасимæ. М и тæ Уæ хъалон Æмбырд кæнут, æнæцæстуарзон адæм, Хъæздыг кæнут мæ худинаг æмæ Тæригъæдæй. Гæды митыл разы дæн, Цæмæй сымах мæ аргъæй суат хъæздыг. 68
Г æ в з ы к к (Хæлуарæгæн.) Бæргæ дæ фенин хорз, фæлæ нæ зонын, Цы равæрон: дыгъд мыд, æви фæзгъæр мыд, Дзыхъхъынног мыд, йе — стад урс мыд, къæртт мыд, Æви тæнæг, тæбæгъæй сдæргæ мыд? Хæлуарæг Æвгьау цы нæу, уый рахæсс. Г æ в з ы к к О, хуыцау, Æвгъау та циу! Цы агуры дæ зæрдæ? Хæлуарæг Æри къæртт мыд. Г æ в з ы к к Фылдæр цы хуызæн уарзыс: Мæнæргъы, æви къомсийы тæфимæ? Хæлуарæг Уæлдай мын нæу. Г æ в з ы к к Сæ кæцыфæнды ракур — Æппæт дæр фаг, æцæг нæхимæ нæ — 69
Нæ сыхæгтæм. Фæнды нæм ;,джигул бакæн, Хæрын дын ард — къæбæр дæр нæм нæй ссарæн. Къæрмæг дæр нæй йæ хордоны, æхца Капекк дæр нæй йæ чыссæйы Гæвзыккæн. Хæлуарæг Æрдав къæсса, зæронд, æмæ цъынды Дæ чызгыл айс. Г æ в а ы к к Усай, хæсгæ сæ уатмæ, Дæ цæст æм дар! Æмæ хуыцаумæ кув, Ныр. мах бырагь æмæ мыдæй цæрдзыстæм, Нæ мондæгтæ сæ сисдзыстæм, фæлæуу! Хæлуарæг Зынаргъ хæзна зынаргъ фæлæууы. Лелы Æмгæрон дæр куыд нал уадзай, кæннод Хыл кæндзыстæм, зæронд. Г æ в з ы к к Цытæ мын дзурыс! Æрра дæн, цы! Мæлæты лæг у Лел! Дæу куыд фæнды, уыдзæнис хъуыддаг афтæ. Дзырд ратт æмæ йæ атæрдзынæн. Хæлуарæг Атæр! 70
Г æ в з ы к к Митæ! Дæ Лел нæ уазæджы зæрдæмæ Нæ фæцыди: цы йæ хъæуы? Мæ чызг, Зæгъ ын æмæ кæнæд йæ рацу-бацу Æндæр рæтты, мæ хæдзарæй дæрддзæфты, Æмгæрон дæр куыд не ’вæра йæ къах Нæ хæдзармæ, — Гæвзыккы хæдзар, зæгъ, Нæ уарзы дæу æмæ, зæгъ, хорзыл амбæл! М и тæ Фæндараст у, цу махæй дарддæр, Лел, — Мæ фæнд нæу уый, гæнæн мын нæй. Л е л Хæрзбон. М и т æ Цæуыл кæуыс? Цæй фæдыл у дæ цæссыг? Л е л Дæхи кæуын куы бахъæуа тыхджын, Уæд зондзынæ — цæуыл фæкæуынц адæм. (Иуварс ацæуы.) Хæлуарæг (Митæйæн хъæбыс кæнгæйæ.) Куыд рæсугъд дæ — ды йын нæ зоныс аргъ. Æз дунейыл сæудæджерæй фæзылатæн. 71
Пысылмæтты æмтъеры базартæм Фæкастæн æз, — рæсугъд чызджытæ уырдæм Фæласынц сомих, денджызаг къæрныхтæ Уæймæ, фæлæ дæ хуызæн саурæсугъдыл Нæ фембæлдтæн æгас бæстыл нырма. Бацæуы У а р д и чызджытæ æмæ лæппутимæ, М æ л д з ы г æрхизы къæсæрæй. 8-æм ФÆЗЫНД Митæ, Хæлуарæг, Гæвзыкк, Лел, Уарди, Мæлдзыг, Цинæда, Чысылхур, Гаги, Лалымби, Г æ д ы в а д, берендейтæ. У ар Д’И О, чызджытæ, мæ хæлæрттæ, кæсут-ма, Кæс-ма, дада, дæхи Уарди кæуы, Иæ хурхыл ын ныххæцыд маст, йæ былтæ Ныххус ысты, йæ мойаг чи уыд, уый та Йæ ногимæ хæрзхъæлдзæгæй кæсынц Æнæфсисæй сæ кæрæдзи цæстытæм. М æ л д з ы г Ау, уый та куыд? Г а г и Хъæддаг ми у, лæппутæ. Ц и н æд а Уардийы нын тынг бафхæрдта. 72
Ч ы с ы л х у р Æппæт, Æппæт чызджыты бафхæрдта. М æ л д з ы г Нæма ’рцыд Фыддæр æфхæрд цæсгомджын берендейыл, У ар ди Фыдгæнæг, зæгъ æгас адæмЫ раз, Кæд фæсайдтай Уардийы: ард куы хордтай Йæ уарзыныл, уæды сахат, æви йæ Æцæг уарзтай æмæ йæ ныр фæсайдтай, Æндæр холы та де ’нæфсис цæстытæй Куы федтай, уæд? Дзуапп ратт! Хæл у а р æг Цы ма йыл дзурæм! Лæджы зæрдæ нæ кæсы коммæ. Бирæ Фæдæттæм мах æрыгонæй ныхас, — Куы фæсудзы нæ риуты уарзондзинад, Уæд ард фæхæрæм, февæрæм ныфсытæ, Цынæ сæртæг, цынæ рог ми фæкæнæм, — Фæстæдæр ма сæ чи кæны хъуыды? Ды ардбахæрд рæхыЬ хоныс, æз та — Æрмæст дзырдтæ, — нæ сæ кæнын хъуыды дæр, Нæ сæ бæттын мæ зæрдæ дæр. Зæрдæ Хæрзхивæнд у: куы уарзы, куы — ныууадзы. Æз уарзтон дæу, ныр та мæ уарзон у Æндæр — Митæ. 73
Ц и н æд а Æфхæрд у берендейтæн Æнæуаг ныхас хъусын берендейыл. Г æ д ы в а д Цы ма вæййы! Æвзæрдæр нæй зæгъæн. М æ л д з ы г Æз рагон дæн, æмæ зæронд æгъдæуттæ •Æнæ зонгæ нæ дæн. Хуыцæуттæн уарзон Уыдысты мах фыдæлтæ, берендейтæ, Æгъдауджынæй фæцардысты, æдæрсгæ Лæвæрдтам мах нæ чызджыты мæйттæм, Сæ ардбахæрд мыггагмæ уыд æвдисæн, Цæрæнбонтæм кæй уарздзысты кæрæдзи. Æмæ сæм ард нæ сайдæуыд, чызгæн Йæ зæрдæ сайдæй никæд цыд æфхæрды. Ци н æд а У ацы ’фхæрд æппæт чызджыты бафхæрд. У а р д и Зæгъ-ма: цæмæн ныууагътай ды Уардийы? Хæлуарæг Чызгæн вæййынц йæ хорз миты зынаргъдæр Йæ хæдæфсарм, йæ къæзгæ сабыр каст; 74
йæ къаимæ куы баззайы уый хибар, Уæддæр, цыма, цæстæнгасæй йæхицæн Æххуыс куры, — æфсæрмытæгæнгæ, Бынмæ кæсы, йæ цæстыхаутæ уагъдæй, Ыстæм хатт та, лæгъстæгæнæгау, скæсы. Уый иу къухæй йæ уарзоиыл хæцы, Йæ иннæмæй йæ асхойы йæхицæй. Ды та æрмæст æнæрхъуыдыйæ уарзтай, Дæ дыууæ къухæй кодтай мæн хъæбыстæ, Къæйныхæй, худгæ. У а р д и Бафхæрд ма цы вæййы! Хæлуарæг Æмæ куы федтон де ’нæфсармы митæ, Уæд загътон: ай мæ баивдзæн æндæрыл. У а р д и Ехх! Ме ’мгæрттæ, дада, зæгъут ын исты! Се ’ппæт дæр лæууынц джихæй. Уардийыл нæй фæхæцæг? Ничи ницы дзуры. У а р д и сиды мыдыбындзытæм. Базырджын Мыдыбындзытæ, ратæхут æмбырдæй, Уæ чыргъæдтæ ныууадзут æмæ йын 75
Йæ мæнгард, чъизи цæстыты ныссадзут Уæ цыргь фæттæ! Цæуылнæ бахус йе ’взаг, Йæ хурх цæмæн нæ ахгæдта, мæнæй Æдзæсгом у, зæгъгæ, куы загъта, стæй мын Мæ ныййарджытыл цъыф куы калдта, уæд? Нындэедзут ыл, йæ цæстытæ йын къахут! (Хуымæллæгмæ сидгæйæ.) Тыхсаг хуымæллæг, дидинхау тихалæг, Бæрзондмæ схылдтæ хъилы уæлæ ды, Дэе цъыргъ гыркъотæ байтыгътай фæйнæрдæм. (Ныззоныгыл кæны.) Дæ яорзæхæй, къаебæлдзыгсæр хуымæллæг, Кæй мыл фæхудти, уый тыххæй дзы райс Мæ мæстытæ, — сæ цъыфдзасты йæ баппар Хæрзрасыгæй æмæ йыл хорз фæхуд! Бæркад фынгыл зæндджын ныхас куы цæуа Зæронд, æгъдауджын уазджыты ’хсæн, уæд Фæливæджы, æдзæсгом лæджы равдис Йæхи хуызы — хъæддаг æмæ сæрхъæнæй. Иæ хæдзармæ куы фæцæйцæуа, уæд Йæ расыг ных сæ къæсæрыл ныццæвæд, Дæлгоммæ йæ сæ цъыфдзасты ныппар! Тагъдуайæг дон, мæ мæстæлгъæд зæрдæ мын Дæ гуылфæнты, дæ арф уылæнты бамбæхс! Фæцæуы донмæ. Л е л æй уромы, У а р д и йæхи нал æмбарн, афтæмæй. Л е л Хорз чызг, дæхи цæмæн æппарыс доны! Æрцæудзæн маст, æрæнцайдзæни зæрдæ. 76
Се’ппæт Æфхæрд удтæн сæрхъуызой берендей у. У а р д и Æнаккаг дæ, æнаккаг дæ, æнаккаг! (Æрхауы Лелы къухтыл.) М æ л д з ы г (Хæлуарæгæн.) Мæгуыр дæ бон: дæу ралгъыста Уарди. Æрцæудзæн тагъд рæстдзинады хуыцæуттæн Сæ мастисыны карз æфхæрд дæуыл. ДЫККАГ МИ УÆВДЖЫТÆ Берендей — паддзах. Бермята — паддзахмæ æввахс лæууæг бояр. Рæсугъд Еленæ — йæус. М и тæ. У а р д и. Г æ в з ы к к. Г æ в з ы к к а. Хæлуарæг. Л е л. П
Вояртæ æмæ сæ устытæ, фæндырдзæгъдæг куырмытæ, айуантæ, паддзахы лæггадгæнæг лæппутæ, фидиуджытæ, алгъуызон берен- дейтæ Берендейы галуаны тигъ. Рæбынæй, цардзæджындзты фæстæ зынынц дыргъдоны бæлæстæ, алгъуызон хъæдын агъуыстыты æмæ гæнæхты цъуппытæ. 1-аг ФÆЗЫНД Паддзах Берендей бады сызгъæрин бандоныл, цæджындз- тæй иуыл ныв кæны. Паддзахы раз зæххыл бадынц дыууæ айуаны. Чысыл дарддæр — фæндырдзæгъдæг куырмытæ; фæзи- лæнты æмæ дуæртты раз лæууынц паддзахы лæггадгæнæг лæп- путæ. Фæндырдзæгъдджытæ (зарынц) Азæлынц фидæнзон фæндыры хъистыл Кад æмæ намыс паддзах Берендейæн. Мах кæд куырмытæ стæм — сагъæс ныл ма кæн, — Махæн Саулагъз æхсæнау нæ цæстытæ — талынг, Фæлæ нæ хъуыды — уынаг æмæ къахджын, Акæсæм уымæй нæ сыхаг бæстæтæм. Цавæр уынæр хъусын дардæй сæумæйыл? Бæхты мыр-мыр æмæ трубаты уасын, Бæхты цæфхæдты бын фæндаг æнкъуысы. Хъуысы Уартытыл кæрдты уæззау цæвын дардæй, Уæлдæфы кард æмæ цирхъы цæхæртæм Быдыры мæргътæ сæумæраджы уасынц. 78
Æрдынтæй цыргъ фæттæ атæхынц цъйутау, Уæлдæфы хуым кæнынц сырх тырысатæ, Хæцæн быдырты æфсæддонтæ схъиуынц. Ниуынц Устытæ бæрзонд гæнæхтæ ’мæ къултæй: Царæфтыд фесты сæ уарзæттæ хæсты, Никæдуал фендзысты адджын хъæбулты. Горæтты басыгътой, басыгътой хуымты... Райсомæй изæрмæ, изæрæй бонмæ Халæттау алырдæм зилынц æфсæдтæ. Фæттæ Сауахуырст уартытыл уарынц къæвдайау, Цирхъыл уæззау кард ныццæхæртæ калы, Иу хотых иннæйы астæумæ фады. Се ’лдæрттæн кад æмæ намыс кæнгæйæ, Иу æфсад иннæйы суры ’мæ ссæнды, — Бæхтæй йыл бацæуынц, къæхтæй йыл хъазынц. Нуазынц, Цъирынц хъæддаг сырдтæ цæфтæн сæ сырх туг, Сынтытæ мæрдтæн сæ цæстытæ къахынц, Быдыры кæрдæг æртасыд æнкъардæй. Ды, Берендейы зæхх, сабыр дæ, бархи, Зæлы дæ быдырты амондджын зарæг, Сабырдзинадæй рæсугъд тæмæн калыс. Намыс Сабырад хъахъхъæнæг номдзыд паддзахæн! Фæндыры хъистыл æнусмæ нæрдзысты Кад æмæ намыс паддзах Берендейæн. Паддзах йæ сæрæй акувы куырмытæн, стæй сæ акæнынц. 79
1-а г А й у а н Цымæ цы уа: цæмæн ныв кæна паддзах Цæджындзы фарсыл галы къах, зæгъ-ма? 2-а г А й у а н Куырм бадæ, цы? Цæй галы къах у.уый? 1-а г А й у а н Уæдæ цæй къах? 2-а г А й у а н Цæй къах! Уыныс: куыдзы къах! 1-а г А й у а н Ыстуры, фос! 2-а г А й у а н Куыдзы къах. 1-а г А й у а н Галы къах, Сæфтджытимæ. 2-а г А й у а н Куыдзы! 80
1-а г А й у а н Дæхæдæг — куыдз, Куыдзы хъæвдын! 2-а г А й у а н Ды та уæд — хъуг. 1-а г А й у а н Æз — хъуг? (Хыл кæнынц.) Фæлæуу, æз дæ ныррæхойон сыкъайæ! 2-а г А й у а н Фæлæуу, æз та дæ аргæвдон дæндагæй! Фæтæррæстытæ ласынц æмæ хъавынц армæй хæцынмæ П а д д з а х (айуантæн). Уæ бынæттæм! Айуантæ сбадынц. Нæдæр куыдзы, нæ — галы, У ацы къах сырх галдзæбидыры. Цыфæнды ныв дæр хъуамæ уа йæ раны: 6 Митæ 81
Ма?й, стъалытæ, æврæгътæ æмæ арв Нывгонд вæййынц бæрзонд галуаны царыл, Цæстрæвдауæн сырх дидинджытæ та Цъæх кæрдæджы ’хсæн ныв фæкæныпц къултыл, Дзæбидыры тыхджын æргъиуджын къах Нывгонд вæййы, æгас хæдзары уæз Кæуыл æнцайы, уыцы ставд цæджындзыл, Цæмæй хæдзармæ уазджытæ цæуой Хъæлдзæгдæрæй, гъе уый тыххæй та дуарæн йæ фæйнæфарс нывгонд вæййынц сыгъдæг Сымах хуызæн æнæрхъуыды сæрхъæнтæ. Æмбарут ныр, æдылытæ? 1-а г А й у а н Зæгъ-ма: Мæнæй, уымæй сæрхъæндæр чи у? 2-а г А й у а н Базон! Æнæхин зонд иæ базондзæни уый. П аддз а х Æвзæр нæу иу зонд иннæ зондыл барын, Куы вæййынц, уæд, фæлæ хъæн сæртæ барын Дзæгъæл куыст у. Бацæуы Бермята. Мæ цурæй лидзгæ, тагъд! Айуантæ ацæуынц. 82
2-аг ФÆЗЫНД Паддзах Берендей, Бермята. Б е р м я т а Дæ райсом хорз, фæрнæйдзаг берендейты Цытджын паддзах! Хъæлдзæг сæумæрайсомæй, Дæ дæлбартæй æмæ мæхицæй айс Ыстыр салам! Дæ домбай паддзахады Æппæт дæр у хæрзамондджын. П а д д з а х Æцæг? Б е р м я т а Æцæг зæгъын. П а д д з а х Нæ мæ уырны, Бермята, Дæ ныхасы уæлæнгай цыдæр хатын. Æз иу æмæ дыууæ хатты нæ загътон Мæ бардзырдты дæуæн, æмæ дын ноджы Зæгъын, цæмæй кæсай бæстондæр, арфдæр, Цæмæй æвзарай хъуыддæгтæн сæ бындур, Сæ аххостæ, сæ кæрæдзийыл баст, Лæмбынæг-иу сын бакæсай сæ хуылфмæ. Гæлæбуйау, уæлæнгæйтты тæхын, Æрмæст уæллаг цъар агайын — уый низ у. Куы уа æвæрд бæрнон бынаты лæг, Йæ куыст куы вæййы адæмы сæраппоид, 83
Уæлæнгай каст егъау сахъат у уæд. Кæд мах адæм æххормаг не ’сты, уынгты Мæгуыргурты хызынтимæ нæ зилынц, Кæрæдзийы кæд не ’стигъынц, уæд уый Нæма хуины хæрзамондджын, Бермята. Кæд фæндæгтыл нæ марынц искæй, науæд Нæ фæдавынц.. Б е р м я т а Гъе, давгæ кæнынц, цъусгай. П а д д з а х Æрцахстай дзы? Б е р м я т а Цæмæн сæ ахсæм, цæ? Цы сыл тыхсæм? Ныууадз сæ æмæ давой. Фæстагмæ сын æнæбахаугæ нæй. Цæйбæрц фæнды куы фæдава къæрных, Уæддæр ын исчи батондзæн йæ ных. П а д д з а х Чысылгай давд егъаугай давынимæ Куы барæм, уæд^ æцæг, егъау фыд нæу, Фæлæ уæддæр хæцын хъæуы йæ ныхмæ. Æниу нæ ныхас уый фæдыл нæ уыд. Хæрзамондджын — уый диссаджы ныхас у! Нæ йæ уынын æз мах адæммæ рагæй, Нæ йæ уынын фынддæс азы! Нæ сæрд 84
Цыбыр кæны, нæ уалдзæгтæ та уазал — Æнкъард, уымæл фæззæгау бады мигъ. Æмбиссæрдмæ мит æрхыты нæ тайы, Сæумæрайсом сæ мигъ цæуы хæрдмæ, Изæрæй та сæ тæфсæджы къогъотæ, Дыз-дызгæнгæ, нæ хъæубæстæм тæхыиц Æмæ хæссынц æгас адæммæ ризæг. Æрæджы, дын, мæ дыргъдоны дзæбæх Дæ усимæ, Рæсугъд Еленæимæ Пыхас кæнæм. Нæ фарсмæ, къутæрты, Æрдæгтадæй, чысыл ихы къæртт баззад, — Нæ йæ федтой мæ дыргъдоны гæстæ, — Æнæмæтæй, сывæллæттау, нæхи Ирхæфсæм мах Рæсугъд Еленæимæ. Уæд, дын, хъуызгæ, къæдз-мæдзытæй цæугæ, Йæ рухс цæсгомыл аныдзæвди уазал Æмæ æваст йæ мæнæргъгъуыз былтæ Æмæ йæ рустæ байдыдтой рæсийын, Йæ мыдадджын фæлмæн мидбылты худт Цæстыныкъуылдмæ атад. Нæ, Бермята, Æппæт нæм нæу хæрзамоыдджын нырма. Фынддæс азы нæ сидтмæ Хур нæ зыны, Кæд ын кæнæм æрвылаз дæр куывдтæ Йæ бæрæгбон, сæумæйыл, хуры скастмæ, Кæд æм кæнынц нæ бирæ адæм кувгæ Æмæ фæзарæм йе ’стыр ном, уæддæр. Фæтызмæг нæм. Б е р м я т а Цæй тыххæй, зондджын паддзах, Цæуыл нæм хъуамæ уа тызмæг? 85
П а д д з а х Ис аххос. Нæ адæм тынг фæуазалзæрдæ сты Кæрæдзимæ. Æхсидгæ уарзондзинад Кæдæй нырмæ нæ хатын берендейтæм. Йæ рæсугъдыл сæ ничиуал тыхсы, Нæ кæстæртæн сæ цæсгæмттыл нæ уынын Цæхæртæ калæг мондæгтæ; нæ уынын Нæ чызджыты ’хсæн, уарзондзинад арт Тæмæнкалгæ кæй риуы уадзы, ахæм. Сæ цæстыты нæй арф сагъæс, нæ кæнынц Бæрзонд æмæ рæсугъд уарзтыл æнкъард, Фæлæ сæм ис æндæр монцытæ уый хыгъд: Цытмæ бæллын, æнæцæстуарзондзинад, Хæлæг кæнын. Уæлдай уазалдæр та Сты усджынтæ: сæ рæсугъд устыты Хæрзиуджытæм — цæхæркалæг цæстытæм, Сæ пух риутæм, сæ урс-урсид уæхсчытæм — Æдзæллагæй сæ лæгтæ — берендейтæ — Хуыссæнхъæлдзæг, куыдфæндыйæ кæсынц. Æз ма кæстæр... Ехх, зæрондад! Цы фестут, Ивгъуыд азты хъæлдзæгдзинад æмæ Æвидигæ æнкъарæнты тæмæнтæ? Æмбисонды цыдæртæ уарзтон уæд Зæрдæбынæй: æппæтуарзаг, рæузæрдæ Уыди хæрзамонд цардхъом Берендей, Æмæ цæттæ уыд алкæмæн хъæбыстæ Кæнынмæ уæд. Ныр базæронд дæн, сурс дæн, Фæлæ уæддæр, æз не ’мбарын, куыд ис Æнæстъæлфгæ, хæрзуазалæй фæлæууæн Сырхуадул æмæ пухриу усы раз?.. Уæвгæ нæ ныхас уый тыххæй нæ уыдис, — 86
Сæйраг ныхасмæ раздæхæм. Æниу, Устытæ та! Нæй уый зæгъæн, бынтон сæ Кæй ферох ис æнувыд уæвын лæгтыл, Фæлæ уæддæр æнæзæрдæхудтдзинад Йæ бынатæй фæцудыдта куыддæр Æмæ цыдæр дæлгоммæ митæ рæзынц. Цыбырдзырдæй, нæ адæмæн кæй сысы Сæ риуты хъарм, кæй фæуазал сæ зæрдæ, Гъе, уымæй сты нæ бæллæхтæ дæр, уазал Гъе, уымæй у: лæджы зæрдæйы уазал Кæй фæзынди, гъе, уый тыххæй нæм Хур Фæтызмæг и, йæ мæстытæ нæ исы Йæ тымыгътæй. Æмбарыс ныр? Б е р м я т а Æмбарын, Цытджын паддзах, фæлæ цы скæнæм хос — Иæ зонын æз. П а д д з а х Хъæуы йын хос ыссарын. Ныхъхъуыды кæн, Бермята. Б е р м я т а Зондджын паддзах, Дзырд ратт, цæмæй уой устытæ æнувыд: Сæ лæгтæ сыл куыд узæлой фæлмæн, Цыдæриддæр ис усгуртæ нæ бæсты — Сæ усæгты зæрдæбынæй куыд уарзой, Нæ чызджытæ куыд аххытæ кæной 87
Æмæ куыд уой сæ мойæгтыл æнувыд... Цыбырдзырдæй, куыд фæнды уæд, æрмæст Уæнт уарзæттæ. П а д д з а х Дзырд раттын уа-зын нæу, Фæлæ пайда цы ’рхæсдзæи? Б е р м я т а Мур дæр ницы. П а д д з а х Уæдæ ма уæд цæмæн у? Б е р м я т а Хуры цæстмæ Нæхи срастæн: зæгъгæ, дзырд раттам мах, — Нæ байхъуыстой, сæхи аххос у уæд, — Куыд æрæвæрæм алкæмæн хъалагъур? П а д д з а х Уый хорз хъазт у, фæлæ йæ раны нæу. Лæгъзтæйæ ’мæ нывæндтæй ис æрмæст Хуыцæутты зыст фæкъаддæр кæнæн. Дысон Æгас æхсæв æнæхуыссæг фæдæн, Сæумæцъæхтæм фæхъуыды кодтон хорз Æмæ æрцыдтæн ахæм фæндмæ: райсом, Зынг-Хуры бон, сæумæйыл Дзуары хъæдмæ 88
Æрцæудзысты æмбырдæй берендейтæ: Цыдæриддæр ис усгурæй, куырдчызгæй — Æрхондзыстæм сын се ’ппæты дæр мах Æмæ куыддæр зæрин Хуры сырх тынтæ Æрбаиыдзæвой бæлæсты сæртыл, Раст афтæ сæ къæйттæй-къæйттæй цæдис Кæндзыстæм мах, цæмæй цæрой æпгомæй. Æмæ уæд, уадз, æмзæлдæй хъуысой Хурмæ Салам æмæ чындзхонты кадджын зарæг. Æхсызгондæр нывонд нæй скæиæн Хурæн. Б е р м я т а Цытджын паддзах, æхсызгон уаид тынг, Хæрзхъæлдзæг уаид ахæм фембæлд Хурæн, Фæлæ хъыгаг — кæй йыи нæй скæнæн. П а д д з а х Цы? Цы скæнæн нæй, Бермята? Стыр паддзахы Цы бафæнда, гъе, уымæн скæнæн нæй? Дæ зонд фæцыд? Б е р м я т а Мæсты мæм ма кæн! Тынг Фæхъаугъа сты куырдчызджытæ æмæ Сæ курджытæ. Цæй чындзæхсæв и скæнæн!? Бæндæнæй сæ кæрæдзимæ куы ласай, Уæддæр æнгом нæ кæнынц. 89
П а д д з а х Ау, цæмæн? Б е р м я т а Хæрзæрæджы нæ Базары хъæуы Фæзындис иу æнахуыр чызг — Митæ. Нæ усгуртæ йыл тынг фæхылтæ сты. Чындздзонтæ та быныбын хæрам фесты Сæ мойæгтæм. Ныр ахæм хыл цæуы Æмæ ма сын цы бакæнон — пæ зонып. П а д д з а х Фыццаджыдæр, нæ уырны мæн, дыккаг та, Кæд раст у уый, уæд бацархай, цæмæй Сæумæцъæхтæм уа сегасы ’хсæн фидыд. Дæ зæрдыл дар: мæ фæндон ивгæ нæу. Бацæуы лæггадгæнæг лæппу. Л æ п п у Цавæрдæр саурæсугъд Куры, лæгъстæгæнгæ, Цæмæй йæм байхъусай. П а д д з а х Ау, æмæ чызджытæн Мах дуæрттæ ’хгæд ысты, Нæй сын æрбауадзæн? Л æ п п у бауадзы У а р д и й ы, 90
3-аг ФÆЗЫНД П а д д з а х В е р е н д е й, Б е р м я т а, У а р д и, Л æ п п у. У а р Д и (йæ сæрæй акувгæйæ). Кадджын фыд, рухс паддзах! П а д д з а х (Уардийы рæвдаугæйæ). Зæгъ, хорз чызг, хъусын дæм! У а р д и Кадджын фыд, рухс иаддзах, Афтæ фæчындæуы? Ау, уый цы ран фыст и, Науæд кæм фепдæуыд? Зæрдæ куы сæфтыдта... (Кæуы.) П а д д з а х Зæгъ, хорз чызг, хъусын дæм. У а р д и Зæрдæ куы сæфтыдта, Ихыл æй аппæрста, 91
Чызджы рæвдыдтытæй Йæхи куы бафсæста, Уæд, йæхи стаугæйæ, Рахуыдта ’ппæты раз Чызджы хæрзæдзæсгом. П а д д з а х Хъусын дын, мæнæ чызг, Де ’нкъард, цæссыгджын хъаст, Маст ис дæ зæрдæйы, Уынын дæ рæстдзинад, Фæлæ дæ хъасты сæр Бæлвырдæй не ’мбарын. Дзургæ сæ фæд-фæдыл, Цы ’рцыд, цы хабар у, Цæй тыххæй хъаст кæныс, Чи уыдис де ’фхæрæг? У а р д и (кæугæйæ). Дзурон сæ, рухс паддзах? П а д д з а х Ранымай, зондджын чызг. У а р д и Рæстæг уыд уалдзыгон, Арæх — бæрæгбонтæ, 92
Хъæды, уыгæрдæнты Кодтам хъæлдзæг тезгъо. Бирæтæ фæхъæуы Чызгæн лæппутимæ Фембæлдæн, базындæн? Гъемæ æз фембæлдтæн. П а д д з а х Кæимæ фембæлдтæ, Чемæ фæзонгæ дæ? У а р д и Уый уыд æвзонг лæппу, Базаргæнæджы фырг, йæ ном та Хæлуарæг. П а д д з а х Зонын æй, саурæсугъд. У а р д и (кæугæйæ). Дзурон сæ, рухс паддзах? П а д д з а х Радзур сæ, ра, мæ хур! 93
У а р д й Кадджын, цытджын паддзах, Дæу æз фæрсгæ кæнын: Ис æууæнк ардхæрдыл? Ис ма цæсгом, æууæнк? Æви ныр адæмыл Æууæндын нал хъæуы? П а д д з а х Уæ-ууа, рæсугъд чызгай, Куыд нæй, куы, баууæндæн! Дуне цæуыл лæууы? Уый лæууы æрмæстдæр Æууæнкыл, рæстадыл. У а р д и (кæугæйæ). Æз дæр баууæндыдтæн... Дзурон сæ, рухс паддзах? П а д д з а х Радзур сæ, зондджын чызг. У а р д и Ноджы дæ бафæрсон? Лæппуйы базыдтай, Лæппуйы бауарзтай, 94
Сфæнд кодтай уыимæ Цард-цины ацæрын, Лæппу — иттæг хæрзконд, Уæд уый ис бауарзæн? П а д д з а х Тынг дзæбæх, саурæсугъд. У а р д и (кæугæйæ). Гъемæ йæ бауарзтон. Дзурон сæ, рухс паддзах? П а д д з а х Радзур сæ, ра, мæ хур! У а р д и Ныууагътон алкæй дæр — Мæ фыды, мæ мады, Хæстæджы, хионы. Цардцæрин чызджыты, Мæ хъæлдзæг хъæзтьпы, Ирхæфсæн ныхæсты. Дардтон мæ зæрдæйы Иунæг мæ уарзоны. Фембæлæм — абадæм Иумæ фæрсæй-фæрстæм, Кæсæм цæстæй-цæстмæ, 95
Кæнæм адджын пъатæ. Фæлæ, нæ рухс паддзах, Удæн, æвæццæгæн, Й’ амонд хæрзцыбыр у. Иу бон ныффæнд кодтам Хъæдбынмæ ацæуын, Ахуыдтам не ’мгæртты, Семæ — Митæйы дæр. Лæппу куы ауыдта Мæ цардбайхалæджы — Ныккаст æм, уарийау, Батахт æм, цæргæсау, Цъилау йæ алфамблай Зилы, рæвдауы йæ, Мæнæй та хъаст кæны, Суры мæ йæхицæй. Раздæр мын мæ зæрдæ Курынæй, лæгъстæтæй, Цæссыгтæй балхæдта, Ныр та мæ хъаст кæны, Ныр та мæ æргомæй Æдзæсгом рахуыдта. П а д д з а х О, мæнæ мæгуыр’ чызг, Дæ сыгъдæг ныхæстæ Æмбæлынц зæрдæйыл, Дæ маст æцæг маст у. У а р д и Бирæ йæм фæхъуыстон, Атар мæ цæстырухс, 96
Мæ цæрдæг къæхтæ мын Раст цыма ракъуырдта — Куырисау атылдтæн. Баууæнд мыл, рухс паддзах, Йæ разы цъæх нæууыл Уайтагъд мæ тъæпп фæцыд Раст мæнæ афтæмæй. Хъавы æрхауынмæ, фæлæ йæ паддзах ацахсы. П а ддз а х Æууæнд, рæсугъд, æнæмигъæй æмбисбон Куы ныннæрид, цæхæртæ калгæ, арв, Уæд афтæ дис нæ фæкæнин, дæуæн Куыд дис кæнын æз де ’нæхии ныхæстыл. Чызджы ныууадз æмæ йыл ноджы худ! Сывæллоны æууæндаг зæрдæ бафхæр! Æвирхъау ми! Æнæрцæугæ фыдгæнд! Уый баргæ нæу, Бермята. Сау хъуыддаг у! Мæ фæддзутæ, кæмфæнды феста — ссарут Фыдгæнæджы. Хæлуарæджы мын — тагъд Мæ тæрхонмæ. Фæсидут адæммæ. Æрхонут сæ нæ паддзахы тæрхонмæ! Фæсидут сæм æгъдау æмæ цытæй. Дзæбæх кæнут сæ алкæмæн дæр кад, Уæ сæрæй сын сæ кармæ гæсгæ кувут! Фидиуджытæ уæлхæдзæрттæй хъæр кæнынц. 1-а г ф и ди у æ г Паддзахы уæздан адæм: Бояртæ, æлдæрттæ, 7 Метæ 97
Ёоярты байзæттаР, Хъæлдзæгæй зарджытаё, Фæтæнзачъе дарджытæ! Сымахмæ, бояртæ, Ис куитæ — егæрттæ, Æмæ бæгъæмвад цагъартæ* 2-аг фидиуæг Сæудæджеры лæппутæ, Уырды хъуынæй уæ худтæ, Ис уын фæтæн къæбуттæ, Уæ зачъетæ — сойæдзаг, Уæ дзыппытæ — ’хцайæ дзаг! 1-а г ф и ди у æ г Чызджытæ, чындзытæ, Мадæлтæм хъусджытæ. Лæгты уарзон устытæ! Æхгæдæй зымæг Фæбадут æпцад, Уæ лæгтæ тызмæг, Уæ бæрзæйтæ — пад! 2-аг фидиуæг Писыртæ — хинсæртæ! Уæхæдæг — æвдисæнтæ: Дарут, æнгуырау, уæ къух, Ахсут гæртæмттæ æдзух! 98
1-аг фидиуæг Урсзачъе зæронд лæгтæ, — Кæмæ нал ис мондæгтæ, Галуаны кусджытæ, Сæ устытæм хъусджытæ! 2-аг фидиуæг Зæронд устытæ, Дзæнгæда хæсджытæ, Уыгау кæсджытæ! Уæ куыст у байтауын хахуыр, Ууыл уæ нæ хъæуы ахуыр. 1-а г ф и ди у æ г Милрихи лæппутæ, Цæрæццаг кæстæртæ, Æдзухдæр фехсайы Рæсугъдтæм уæ зæрдæ. Куы фæкусынц адæм, Уæд сымахæн — уæ бадæн. Уæ куыст у галуантæм уайын, Чызджыты сайын. 2-а г фидиуæг Саурæсугъд чызджытæ, Цъайтæй донхæсджытæ, Дурынтæ сæтджытæ! Уæ куыст у кæсæнмæ кæсын, Хæдзары мулк фæйнæрдæм хæссын, 99
Хæринаг æмбæхстæй дарЫй Æмæ йæ лæппутæи сусæгæй дарын. 1-аг фидиуæг Хъусут, байхъусут, Паддзахы адæм, Паддзахы бардзырдмæ! Рацæут галуанмæ! Паддзахы галуанмæ. Сызгъæрин дуæрттыл Кæртмæ рахизут, Кæртæй — рухс тыргъмæ, Тыргъæй — мидæмæ, Паддзахы бадæнмæ, Фыдгæнæгæн тæрхонмæ, Рамбырд ут, адæмтæ! Æрхизынц хъæргæнæнтæй. П а д д з а х Дзырд æмæ зонд тыхджыи куы уой, — уый хорз у: Хуымæтæджы ныхас дæрзæг у. Дарæс Рæсугъд кæны сылгоймаджы. Нывтæй Фæфидауы хæрзконд хæдзар. Ныхас та — Лæгъз арæзтæй, рæсугъд хъуыдытæй. — Адæм Нæма зынынц? Л æ п п у Æрбацæуынц æмбырдæй, Цытджын паддзах. 100
П аддз ах (Уардийæн). Чызг, мауал маст кæн; мастæй Фыдхуыз кæны рæсугъд цæсгом. Чызджы маст Нæ хæссы бирæ, раивы йæ зæрдæ, — Фæнычы бын æмбæхст цæхæрау, — уым дæр Æвæрд вæййы дзыхъхъынног уарзтæн зынг. Дæ бафхæрæг дæ хъуыдыйы дæр ма уæд, Дæ мастисæг — паддзах æмæ тæрхон. Мидæггаг уатæй рацæуынц: Рæсугъд Еленæ æмæ бояртæ, æддаг дуары асинтыл æрхизынц адæм, семæ — Мæлдзыг æмæ Л е л. Фæсдзæуинтæ бакæнынц X æ л у а р æ д ж ы. 4-æм ФÆЗЫНД Паддзах Берендей, Бермята, Рæсугъд Еленæ, Уарди, Мæлдзыг, Лсл, Хæлуарæг, паддзахы цумайы адæм. П а д д з а х (Рæсугъд Еленæйæн.) Салам дын махæй, Саурæсугъд Еленæ, Нæ галуаны фæрныггæнæг! Е л е н æ Салам Дæхицæн дæр, нæ цытджып Берендей, Нæ устытæй, æрыгон чызджытæй Æмæ дæу бирæ уарзджыты зæрдæтæй. 101
3 а р д ж ы т ы к ъ о р д Салам, салам, нæ кадджын, Нæ зондджын Берендей, Нæ зæрдæтæн дæ адджын, Нæ бæсты фарн — дæуæй. Ды — ’адæмæн сæ фидар, Хуыцæуттæ сты дæ фарс, Дæ фæрцы нын сæрибар Æгас цæуæд, æгас! Нæ зæрдæтæн дæ адджын, Нæ бæсты фарн — дæуæй. Æгас цæуай, нæ кадджын, Нæ зонДджын Берендей! П а д д з а х (адæмæн). Ыстыр бузныг! Нæма ис аххосджын? Б е р м я т а Ис, ам и ныр, кæсы тæрхонмæ ’нхъæлмæ. П а д д з а х Йæ азым циу, уый зонут, адæм? А д æ м Зонæм. 102
П а д д з а х (Хæлуарæгæн.) Дæ азымыл сæттыс, мæнгард? Хæлуарæг Сæттын. П а д д з а х Йæ фыдгæнд тынг егъау у, берендейтæ, Тæригъæдæн нæ зæрдæты бынат Нæй ацы хатт. Фыдгæнæгæн хатыр Фыдæх сайы: нæ хуыцæутты зæрдæты Цы маст бауагътой ацы сырды митæ, Уый мах сæртыл ныккалдзысты. Æфхæрд Æрхаудзæнис æнаххос берендейтæм. Куы райсæм маст фыдгæнæгæй, уæд та Хуыздæр уыдзæн. Ам уарзт æрцыд æфхæрд, Рæсугъд æнкъарæн, æрдзы лæвар, царды Фыццаг амонд, йæ дидинæг. Чызджы Уарзондзинад! Иæ уалдзыгон зæрдæ Фыццаг уарзтæн куы байгом и, уæд асаст! Мæ урсытæн уый — худинаг, æрдиаг! Цы тæрхон уа Хæлуарæгæн — зæгъут! Б е р м я т а Кæй бафхæрдта, уый ракурæд ныртæккæ. 103
М æ л д з ы г Ныртæккæ дзы куыд ракура хатыр Йæ къæхты раз, куынæ кæна разы, Уæд карз æфхæрд куыд æрцæуа! П а ддз а х Хæлуарæг, Дæ аххос фидын дæ фæнды — Уардийы Куыд ракурай? Хæлуарæг Хæлуарæгæн йæ усаг Митæ у ныр. Б е р м я т а Æрсæттын æй кæнæм, Цытджын паддзах. П а д д з а х Сæрибар къай нæ уарзы Тыхми кæнын. М æ л д з ы г Æгæр егъау кад ма кæн Фыдгæнæгæн! Уардийы раздæр бафæрс: Фæцæуын æм фæнды йæхи? 10*
П а д д з а х Уарди! У а р ди Цытджын паддзах, фæнды Уардийы уарзын. Мæн тынг фæнды, фæлæ куыд ис уый уарзæн? Мæ зæрдæ саст йæ сау митæй, æфхæрд. Мæнæн уый у мæ цæстысындз мыггагмæ, Æнæуынон. Нæ мæ хъæуы уый мæн. П а д д з а х Нæ хорз адæм, мæлæты аккаг у йæ фыдракæнд, фæлæ нæ уагæвæрды Нæй тугкалæн æфхæрыны закъон. Бæрзонд хуыцау фæуæд йæ марæг, мах та Хæлуарæгыл кæнæм æмвæндæй хъоды Æмæ йæ сурæм не ’хсæнæй. Цæугæ Нæ цурæй дард, фыдракæнæг, рæсугъд æрдз Æмаё хуыцау цы уарзондзинад радтой Æвзонг чызгæн, уый чъизигæнæг, фесæф! Нæ хорз адæм, фыдæлты хорз æгъдæуттæн Аргъ чи кæны — сæ иу дæр æй йæхимæ Куыд не’руадза; уæ къæсæртæй йæ — сургæ Æдзæрæг хус быдырмæ, хъæдмæ дард! Ис а лæгæн хъæддаг сырды зæрдæ Æмæ йын сырдтæ ирхæфсæнт йæ зæрдæ! Хæлуарæг Сымах раз æз нæ раст кæнын мæхи, Фæлæ ныр ды, цытджын паддзах, куы фенис Митæйы, ехх!.. 105
А д æ м Æрбацæуы Митæ! Бацæуы, М и т æ, йæ фæдыл Г æ в з ы к к æмæ Гæвзыкка (хъæздыг фæлыстæй, стыр сыкъаджын худы). 5-æм ФÆЗЫНД Паддзах Берендей, Бермята, ’Рæсугъд Еленæ, Уарди, Мæлдзыг, Лел, Хæлуарæг, М и т æ, ~ Г æ в- з ы к к, Г æ в з ы к к а, паддзахы лæггадгæнджытæ, адæм. М и т æ (галуаныл фæлгæсгæйæ). Куыд парахат, куыд сыгъдæг у, хъæздыг! Кæс-ма, мæ мад! Æрвгъуыз дидинæг мæнæ, Куыд рæсугъд у. (Æрбады пъолыл æмæ цæджындзыл нывгонд дидинæгмæ кæсы.) Гæвзыкка Фыццагдæр уал хъæуы Сæрæй кувын! Уæд акувдзысты махæн Нæхицæн дæр, кæмæй фыддæр стæм мах! (Йæ рæмбыныкъæдзæй басхойы Митæйы.) Мæ худмæ мын кæсынц? 106
М и тæ Куыннæ-ма, джихæй, Гæвзыкка Æркув уæдæ. М и тæ Æрбайрох мæ, ныббарут! Уæ бонтæ хорз, æгъдауджын берендейтæ! Гæвзыкка Кæс, уæртæ ус-бояртæм! Зæгъ, кæй худ у Парахатдæр? М и т æ Сыкъаджындæр — дæууон. Гæвзыкка Гъе, афтæ, уадз — сæ цæсты фиутæ- тайой Фырхæлæгæй. М и тæ (паддзахмæ амонгæйæ). Уæд уæртæ уый та чи у? Нывгонд куырæт, сызгъæрин рон йæ уæлæ, Иæ урс боцъо та астæумæ у раст. 107
Гæвзыкку Уый паддзах у, Митæ Ахх, уарзон мад, Митæ Тæрсгæ кæны. Цом ардыгæй. Г æ в з ы к к Кæс-ма, Йæ рæузондæй цы сæрхъæн ныхас загъта! Мæгуыр Гæвзыкк цæрæнбонты нырма Фыццаг хатт федта паддзахы галуантæ, Æмæ, дам, цом! Цæмæй нын нæу ам бархи! Нæ, цалынмæ нæ атæрой, уæдмæ Боярты цардæй ацæрæм мах хъуамæ. Гæвзыкка О, æнæфенд! Хæлиудзыхæй кæсыс Фæйнæрдæм ды, æмæ дыл зондджын, кадджын, Цытджын паддзах та дисыл бафтыд: ай Æнæхуындæй, бæрзонд галуанмæ цавæр Сæрхъæн фæзынд! Хъæууон дæ ды, хъæууон! Йæ размæ цу, хæцгæ нæ кæны, ма тæрс, Æркув ныллæг! М и т æ (паддзахмæ бацæуы, æркувы йын). Сæрæгас уай, нæ паддзах! 108
П а д д з а х (йæ къух ын райсы). Тыхджын æрдзы цынæ диссаг ис фенæн! Йæ хæзнатæ рæдауæй тауы æрдз, Æмбисонды тæмæнтæ калгæ, хъазы: Мах зонгæ дæр кæй нæ фæкæнæм, ахæм Уымæл зæххыл, хъæддаг къутæрты бын Æрæппары дзыдзынайы мыггаг, Æркалы йыл æртæх æмæ дын уайтагъд йæ дидинæг, цæхæртæ калгæ, скæсы, Йæ уынд æмæ йæ уалдзыгон тæфæй Лæгæн йæ цæст æмæ йæ фындз рæвдауы! М и т æ Хъыг мын у тынг, кæй азгъæлди дзыдзына! Куы зыдтаин — дæ зæрдæмæ цæуы, Уæд афонмæ сæ хуыздæртæй æз иу баст Æртыдтаии дæуæн. Кæд дæ фæнды, Уæд мемæ цом æмæ дын бацамонон, Кæм зайы, уый. П а д д з а х Нæ кæуын æз, дзыдзына Кæй азгъæлд, ууыл, — ныр мæ цæсты, раз Æрлæууыд ахæм хорз дидинæг, ахæм! — Æмæ нæ уыриы мæн: фын у, æви Æцæг уынын рæсугъд дидинæг царды? М и т æ буцзæрдæйæ кæсы адæммæ æмæ йæхи дзæбæхтæ кæны. 109
Йæ рæсугъддзинад бабæздзæн, Бермята, Зынг-Хуры маст фæрог кæнынæн. Хорз Нывондаг ын уыдзæни. Хур куы скæса, Уæд æй дæтдзыстæм амондджынæй моймæ. Рæсугъд Митæ, æрцыди ныр дæ рад: Дæхицæн хъуамæ ссарай къай! М и тæ Кæм арон, Нæ зонын. æз. П а д д з а х Дæ зæрдæ дын зæгъдзæн. М и тæ Нæ дзуры уый. П а д д з а х (Митæйы иуварс акæнгæйæ). Мæнæй æфсæрмы ма кæн! Зæронд лæджы æмсæр фæкæнынц й’ азтæ Чындздзонимæ. Уæлдай æфсарм нæ хъæуы Зæронды раз, зæронд цæстыты раз. Зæгъ мын æргом: изæрыгон æнхъæлмæ Æдзынæгæй кæмæ фæкæсыс тыргъыл? Сæумæйæ, хур сырх-сырхидæй куы скæсы, Уæд, къухаууон куы акæныс, — кæй фенын Фæфæнды дæу, æрбацæйцæугæ дардæй? 110
Кæй фефхæрыс йæ сындæджы тыххæй? Кæмæн фервитыс мидбылты худт, цинтæ, Дæ цæссыгтæ, дæ бустæ ’мæ дæ пъатæ? Кæмæн, зæгъ-ма мын? М и тæ Никæмæн, куы нæ. Б е р м я т а Цытджын паддзах, уый уарзын циу — нæ зоны. П а д д з а х Ау, саурæсугъд — æмæ нæ зона уарзын? Нæ мæ уырны. Нæма уыд ахæм диссаг Нæ дунейыл. Æппæтæн дæр æрдзæй Нывгонд вæййы йæхи рæстæгыл уарзын. Нæ мæ уырны. Фæлæ кæд уый æцæг у, Уæд хурты хур куыд нæ кæна тызмæг? Нæ, хъуамæ тагъд нæ тæригъæдтæ суадзæм Æнæмæнг мах. Ау, исчи берендейтæй Мæ фæсидтæн куыд нæ ратдзæни дзуапп? Цæй, а чызджы уæ чи уарзы тыхджындæр? Кæй бон уæ у, йæ рæзгæ зæрдæ амæн Рæсугъд уарзыныл бафтауын, зæгъут! Г æ в з ы к к Нæ йыл фæлвæрдтой иу æмæ дыууæ, Сæ фыдæбон раст доны къусау фесæфт. Ш
Гæвзыкка Кæуджытæ æмæ кафджытæ чысыл Нæ уыдысты, фæлæ дзы мæиæ ай дæр (Йæ дæндаг схъауы) Пайдайагæй нæ рауад. П а д д з а х Берендейтæ, Сæумæцъæхтæм Митæйы зæрдæйы Кæмæ фæзына уарзондзинад, уый йæ Егъау лæварæн айсдзæни мæнæй. Æмæ ма ноджы уый уыдзæи мæ фынгыл Хуыздæр уазæг Зынг-Хуры бæрæгбон. Б е р м я т а Цытджын паддзах, сыбыртт дæр сæ нæ цæуы. П а д д з а х (Рæсугъд Еленæмæ.) Нæ фидыцджын, нæ Саурæсугъд Еленæ, Сымах фæрсын æз, устыты, — сымах Хуыздæр зонут зæрдæйы сусæг митæ. Зæгъут-ма мып, цы фæци лæгтæн се ’хсар, Сæ зæрдæты ныфсхастдзинад? Цы фесты Сæ сайæгой, цагъаргæнæн ныхæстæ, Кæддæр-иу мах æрыгон устыты, 112
Стæй чызджыты кæмæй фæлывтам, уыдон? Раёсугъд Еленæ, бацамон нын ды, Кæй равзарæм цæрæццаг берендейтæй, Кæй бон бауыдзæн фесгуыхын, зæгъ нын? Е л е н æ Цытджын паддзах, сылгоймаджы æфсарм мын Нæ дæтты бар, цæмæй дын раттон дзуапп Дæ бафарстæн; фæлæ æхсæны пайда Цы хъуыддаг уа, уый агуры, цæмæй Æфсармдзинад æрхæссон æз нывондæн. Нæ лæппутæй, цæрæццаг берендейтæй, Æз кæй зонын, гъе уыдон æхсæн ис Æрмæст дæр иу, рæсугъд чызджы зæрдæ Йæхицæн уарзын чи бакæна, усы Æхгæд зæрдæ чи байгом кæиа, раст Сæдæдуарæй æхгæд куы уа, уæддæр, Æмæ уый у æрмæст дæр иунæг — Лел. П а д д з а х Цы кад у уый дæуæн, фиййау! Л е л Мæнæн? Нæ, паддзах, уый æппæты тавæг Хурæн У уыцы кад! Уый хаста мæн чысылæй, Рæвдыдта мæ, стæй сахуыр кодта зарын. Мæ ныхæсты ис уый хъарм, æмæ зилынц Сæ хъусынмæ нæ чызджытæ мæ фæдыл. Ис хуры хъарм мæ зæрдæйы, мæ туджы, 8 Митæ 113
Æмæ тæвдæй мæ цæсгомыл зыны, Мæ цæстытæй рæсугъд тæмæнтæ калы. Митæ, цæй, цом, «сырх дидинджытæ сбийæм Нæхицæн ныр. Сæумæйыл Хуры скастмæ Зæрдæрухсæй кæсдзыстæм иумæ мах! Кæсут-ма йын йæ цæстытæм! Сæумæйыл Уый бауарздзæн, — мæн уа, æви æндæры, Фæлæ Митæ кæндзæн æнæмæнг уарзгæ, Хæрын уын ард. Æххуыс та йын кæндзæн Мæгуыр фиййау, уæхи къæбæлдзыг Лел Нæ тавæг Хур æмæ паддзахы фарнæй! Хæлуарæг Цытджын паддзах, мæ хъоды уал мын аргъæв, Мæ туджы зынг ыссудзын кæндзæн уарзтæй Митæйы рухс æнæагайд зæрдæ. Хæрын дын ард бæрзондыл бадæг зæдтæй Кæй уыдзæни мæ бинойнаг Митæ. Кæд уый нæ уа, уæд басудзæд мæ сæр Паддзах æмæ нæ хуыцæутты цъæх арты. П а д д з а х Уæ сомытæй, Хæлуарæг æмæ Лел, Ныфсджын дæн æз æмæ Зынг-Хуры скастыл Зæрдæхъæлдзæгæй сæмбæлдзынæн. Азæр Кæндзыстæм Базары хъæды æмбырд Фæхъазынмæ, фæзарынмæ. Цыбыр у Сæрддон æхсæв æмæ фæуыдзæн тагъд. Сæуæхсидыл йæ дидинджытæй худы Уæхи паддзах йæ хорз хъæбулты ’хсæн Зæрдæрухсæй æмбæлдзæи Хуры скастыл. 114
А дæ м Нæ зæрдæтæн дæ адджын, Нæ бæсты фарн — дæуæй. Æга_с цæуай, нæ кадджын, Нæ зондджын Берендей, Ды — адæмæн сæ фидар, Хуыцæуттæ сты дæ фарс. Дæ фæрцы нын сæрибар Æгас цæуæд, æгас! Ацæуынц иууылдæр. ÆРТЫККАГ МИ УÆВДЖЫТÆ Паддзах Берендей. Б е р м я т а. Рæсугъд Еленæ. М итæ. Г æ в з ы к к. Гæв з ы к к а. Хæлуарæг. Л ел. М æ л д з ы г. У а р д и. Цин æ д а. Ч ы с ы л х у р. Л а л ы м б и. Г æ д ы в а д. Хъуынахор. 115
Айуантæ, фæндырдзæгъдджытæ, паддзахы фæсдзæуинтæ æмæ адæм. Фæтæн æрдуз хъæды, йæ фæйнæфарс — тархъæд, разæй та — ныллæг къутæртæ, се ’хсæнты — цатыртæ. Изæрæхсид. 1-аг ФÆЗЫНД Æрыгон Берендейтæ хъазынц зиллаччытæй. Лæппутыл æмæ чызджытыл дидинæг худтæ. Зæронд устытæ æмæ лæгтæ бадынц къутæрты бынты, нуазынц махсымæ æмæ хæрынц адджинæгтæ. Фыццаг зиллаччы хъазынц Уарди, Цинæда, Чысылхур, Л а л ы м б и, Г æ д ы в а д. Зиллаччы астæу—Л е л æмæ М и т æ. Хæлуарæг хъазгæ нæ кæны, куы фæзыны адæмы астæу, куы — ацæуы хъæдмæ. Г æ в з ы к к кафы фæндырдзагъдмæ, Гæвзыкка, Мæлдзыг æмæ цалдæр сыхаджы бадынц къу- тæры бын æмæ нуазынц бæгæны. П а д д з а х æмæ йæ фæсдзæ- уинтæ дæрддзæфæй кæсынц хъазджытæм. Ч ы з д ж ы т æ æмæ л æ п п у т æ (зарынц). Цъæх быдыры — урс хæрис, Хæрисы бын цатыр и, Цатыры та — фынгæвæрд, Фынджы фарсмæ — рæсугъд чызг, Дидинджытæ æртыдта, Сарæзта сæ тымбыл баст. Чи дардзæни уыцы баст? Саурæсугъдæн йæ уарзон. М и т æ йæ дидинджыты баст æркæны Л е л ы л. Зиллакк рай- хæлы, се ’ппæт дæр кæсынц Г æ в з ы к м æ, уый кафы фæндыр- дзагъмæ. 116
Гæвзыкка (Мæлдзыгæн бæгæны даргæйæ.) Хорз фен дæхи! Нæу мах бæркад дæр цауд. Кæдæй-уæдæй хъæздыг цард кæнæм мах дæр. М æ л д з ы г Дæ хорзæхæй, дæ лæджы дæр фæхынц. Лæф-лæф кæны, куы бастади бынтондæр. Г æ в з ы к к иыууадзы йæ кафын Гæвзыкка (Гæвзыккæн бæгæны даргæйæ.) Бæрæгбæтты æппæтæй дæр фылдæр куыст Гæвзыккæн ис, йæ хъуырмæ свæййы раст, Æнæсцухæй сын кафы æмæ кафы, Ныффæллайы, уæддæр нæ уадзы. Кафын Йæ бæллиц у. Тæригъæд ын кæнын: Куы ныммæла! М æ л д з ы г Æмбисонды лæг у. П а д д з а х (хъазджыты æхсæнты фæцæйцæугæйæ). Иттæг хорз куывд! Уæ хъæлдзæгдзинад мын Æхсызгон у. Æдыхстæй хъазут, кафут, 117
Мæт ма кæнут, мæт кæнынæн дæр ис йæхи рæстæг. Парахат зæрдæ адæм Кæддæриддæр парахат у, — куысты бон Æгуыстимæ нæ фæкæны хæццæ, Куы куса — кусгæ, заргæ æмæ кафгæ — Зæрдæбынæй, гыбар-гыбургæнгæ. Уæ цин, уæ кафт уын хи цæстæй куы фенид Æцæгæлон, уæд уый дæр зæгъид: Мæнæ — Хæларзæрдæ, рæсугъд адæм! Æрмæст Хæларзæрдæ, рæсугъд адæм фæзонынц Хъæрæй зарын æмæ ныфсхастæй кафын. Æз бузиыг дæн уæ зарджытæй, уæ кафтæй. Кæд хуым кæнæм, уæд — къамбецтæй! (Айуантæн.) Гъей, кафут, Хъылдым кæнут, чъыллипп кæнут, сæрхъæнтæ! Айуантæ кафынц. Изæрæхсид рæсугъд у æмæ райсом Уыдзæни хур. Фæцæуы бон хъæлдзæгæй, Изæрæхсид йæ тынтимæ фæхуыссы, Мæнæргъгъуыз рухс йæхи бæрзондмæ исы, Изæрмилтæ нæрсынц фæйнæрдæм, ахсынц Хуыссынмæ хъавæг бонрухсы бынат Æмæ рæхджы æртæххæссæг бæлæстæн Сæ цъуппытæм хæццæ кæндзæнис æхсæв. Цом цатыртæм, нæ буц уазджыты ’хсæн Фæуæм нæ иу бон, фембæлæм æндæрыл. Нæ хæлар Лел, фæстаг зарæг ныззар! 118
Л е л (зары). Урс мигъ æрвнæрдимæ кодта ныхас: Иу нæ нæргæ кæнæд, иннæ — къæвда, Уалдзыгон уарынæй бафсадæм зæхх! Цас ныл фæцин кæндзæн дидинæг, цас! Халсармæ уайдзысты чызджытæ уæд, Лæппутæ халæй цæудзысть. гæ фæд. Уарзон Лел! Уарзи-уарзой Лел! Чызджытæ тархъæды адихтæ сты — Чи бацыд назтæм, чи — къутæртæм. Халсар тыдтой æмæ сидтысты, Чызджытæй иу рæсугъд байсæфт кæмдæр Æмæ йыл байдыдтой иумæ кæуын: Бирæгъ кæд бахордта чызджы миййаг! Уарзон Лел! Уарзи-уарзой Лел! Чызджытыл фембæлд сæ фыддæр фыдгул, Урсхил, хæрззæронд æцæгæлон лæг: «Сæрхъæн чызджытæ, уæ зонд фæцыди? Цæй-ма, цæмæн сидут уе ’мбалмæ, Дзуапп дзы цы пайдайæн агурут? Фæлтау æй басгарут къутæрты». Уарзон Лел! Уарзи-уарзой Лел! Урс мигъ æрвнæрдимæ кодта ныхас: Иу нæ къæвда кæнæд, иннæ — нæргæ, Уалдзыгон уарынæй бафсæда зæхх! Цас ныл фæцин кæндзæн дидинæг, цас! Халсархæсджыты ныххуылыдз кæнæм, Хурмæ сæ уый фæстæ схус кæндзыстæм. Уарзон Лел! Уарзи-уарзой Лел! 119
П а д д з а х Стыр бузныг, Лел\ Ныфсæрмы стут, чызджытæ? Нæ мæ уырны. Ау, ахæм чызджытæн Пыхс къутæрты куыд фесæфтаид се ’мбал! Паддзахы зæрдæ бабуц кодтай, Лел. Æмæ йæ ноджы бахъæлдзæг кæн: равзар Нæ чызджытæн сæ хæрзконддæры ды, Æрбахон æй æмæ дын, уадз, нæ разы Дæ рæсугъд уарзон зарджыты тыххæй Зæрдæ бын пъа ныккæна хорз лæварæн. Л е л фæцæуы чызджытæм. М и тæ (сабыргай Лелæн). Мæн айс! Л е л Фæлæуу, дæхи уал иуварс дар. Æрзилон æз æгас чызджыты къордыл, Сæ иуæн дæр нæ цæуын æз йæ хъыджы! М и т æ иуварс алæууы æмæ хъæлдзæгæй йæхи дзæбæхтæ кæны. Л е л бацæуы У а р д и м æ, бакæны йæ паддзахмæ, ныпъ- пъа йын кæны. М и т æ, йæ цæссыг калгæ, алидзы къутæртæм. П а д д з а х Зыланггæнаг æхсызгон пъа фæцыд Æмæ дзы барухс зæрондæн йæ зæрдæ, 120
Цыма ныртæккæ банызтон кæхцы дзаг Бæзджын, æвæрд, сæрзилынгæнæг мыд. Хæдæгай, нозт æрæмысыдтæн. Фынгтæм У афон ныр. Рæсугъд Еленæ, нозтæн Цыт раттæм, цом. Зæрондæн дæр æвзæр Нæ хонынц нозт. Фæтагъд кæнæм, уæдæ! Мæ цæст уын уарзы бирæ цин, мæ хуртæ. Ацæуы Б е р м я т а æмæ Рæсугъд Еленæимæ. Цалдæр берендейы æмæ Л е л ацæуынц паддзахы фæдыл. Г æ д ы в а д Æрмæст дæр Лел, æрмæст дæр амонд Лелæн! Æмæ дзы мах цæмæй фыддæртæ стæм? Ыæ зонæм кафын, зарын мах æвзæрдæр! Ци н æ д а Æниу цæмæн ис ахæм кад Уардийæн? Рæсугъддæртæ нæй мах æхсæн чысылдæр. Л а л ы м б и Цæй, бауæндæм, цæй, равдисæм æмвæндæй, Кæй зонæм зарын, кафын мах дæр. Г æ д ы в а д Тынг хорз Ныззардзыстæм æгас адæмы раз, Мах сусæгæй дыууæ азы дæргъы Кæй ахуыр кодтам, уыцы рæсугъд зарæг, 121
(Зары, Лалымби та уырды кафт кæны.) Уырд надта йæхи, Уырд, сау-сауид уырд, Уый тагъд доны уыд — Ой, рира-рира! Нæ ныссыгъдæги, Уырд саудæр фæци, Цъыфы стылдта йæхи, Ой, рира-рира! Уырд къуыбырмæ схызт, Ныццагъта йæхи, Ныссæрфта йæхи Ой, рира-рира! Иæ алфамблай каст, Кæд цуанон кæсы, — Мæлæт ын хæссы? Ой, рира-рира! Кæд цуанон æввахс и — Хъыхъхъаг куитæй тас у: йæ царм ын куы ласой. Ой, рира-рира! Кæд сæ хъæуы кæрц, Уырды цармæй кæрц, Чындздзон лæварæн. Ой, рира-рира! Сауæрфыг чызджытæ, Сæ уæлæ кæрцытæ, Уырддзармæй кæрцытæ. Ой, рира-рира! (Фæци йæ зарын.) Æвзæр зарæм? 122
Л а л ы м б и Гъе, ахæмтæ стæм мах! Ци н æд а Æвæццæгæн нын фидаугæ у уемæ. Æвзæрдæр не ’стут иннæтæй. Ныр, уадз, Лел базона, кæй уарзтæуы тынг мах дæр. Бæргæ ма-иу ныхъхъæбыс кæнид уый Æхсызгонæй Цйнæдайы, фæлæ йын Ныр байрæджы: Цинæдайæн ис къай Æмæ Цинæда уымæн кæндзæн пъатæ. Ч ы с ы л х у р Чысылхур та — Лалымбийы. Г æ д ы в а д (Цинæдайæн хъæбыс кæнгæйæ). Цы ма уа Рæсугъддæр цард! Л а л ы м б и (Чысылхурæн хъæбыс кæнгæйæ). Цыма вæййы хуыздæр! Лæппуйæн къай йæ зæрдæйы хæдзар у. Æфсымæртæ, цом цатыртæ уынынмæ! 123
Се ’ппæт дæр ацæуынц — лæппутæ чызджытимæ, У а р д и М æ л- дзыджимæ, Гæвзыкк Гæвзыккаимæ. Митæ рацæ- уы къутæртæй. Л е л иннæрдыгæй. 2-аг ФÆЗЫНД Л е л, М и т æ. Л е л Цы фæци, цы? Кæм атар и? Уарди! Уарди уа уый? (Бацæуы Митæмæ.) Уарди куы нæу. Митæ Хæрзиунæгæй, цæссыг калгæ. — Цæуыл Æнкъард кæныс? Æгас чызджытæ хъæды Куы хъазынц хорз, куы азæлы сæ цин, — Куы базарынц, куы та цъæхснаг ныххудынц, Куы райхъуысы сæ уарзон ныхас, куы — Цыбыр, фæлæ зæрдæбынæй улæфынц Сæ цин æмæ сæ амондыл. Ды та — Æнкъард кæныс. М и тæ Ау, сидзæрæн тæригъæд Куыд нæ кæныс, æфхæрд куы у! Л е л Нæ зонын, Мæ митæй дын цы ’фхæрд уыди? 124
М и тæ Куыд цы ’фхæрд? Зæгъ-ма: Митæ рæсугъд у, æви нæу? Л е л Рæсугъд у, о. М и тæ Ды та Уардийы курыс, Кæныс ын пъа, нæ паддзахмæ йæ хоныс. Æмæ Уарди рæсугъддæр у Митæйæ? Мæ зæрдæйы, гъе уыцы ’фхæрд ныххаудта. Л е л (Митæйæн хъæбыс кæнгæйæ). Цæмæн кæныс, мæхи Митæ мæсты? Нæу диссаг пъа æппæт адæмы раз, Æхсызгондæр, зынаргъдæр у фæсаууон. М итæ Нæ мæ уырны. Мæн сусæг пъа нæ хъæуы. Нæ паддзах ма кæд æрæмбырд кæндзæн Ныр чызджыты рæсугъддæрты, цæмæй сын Сæ рæсугъддæры равдиса? Л е л Рæхджы, Мæт ма кæн ды. 125
М и тæ Фæсайдзынæ та .мæн, Æндæр чызджы та райсдзынæ. Л е л Нæ зонын, Цы ма кæнон: кæй мæт тынгдæр кæнон; Дæу равзарон, уæд иннæтæн хъыг у, Æндæр равзарон, уæд хæрам ды кæныс... Рæхджы сæуæхсид ракæсдзæн, нæ паддзах Кæндзæнис арфæ адæмимæ Хурæн. Æз хъуамæ уон сæ разæй æмæ зарон Мæ къаимæ. Кæй равзарон — нæ зонын. М и т æ Зæрдæргъæвд Лел, мæн равзар, мæн! Л е л Æндæр чызг Йæ зæрдæ дæр нæ бакæнид æвгъау. М и т æ Цыдæриддæр мæ бадомай — Митæ Уыдзæн разы цæуылдæриддæр. Л е л Уарз мæ! 126
Мит& Æхсызгонæй, фæлæ нæ зонын уарзын. Мæ дзæбæх Лел, рæхджы рæстæг уыдзæн — Митæ уæд уарзын байдайдзæн, уый уарздзæн Æрмæст дæр дæу. Л е л Цæй, фендзыстæм та уый дæр. М и т æ Хæларзæрдæ, зæрдæхæлар, мæн равзар. Л е л Цæй, хорз уæдæ... М и тæ Мæ зæрдæдарæн, хъус-ма! Кæд дæ фæнды, цæмæй мæгуыр Митæ Зæрдæнцой уа, уæд иннæ чызджытимæ Цæуын ныууадз! Куы сæ рæвдауыс, уæд Мæ зæрдæ риссы, пъатæ сын куы кæиыс, Уæд дæм æз та — кæсын æмæ кæуын. Лел Фиййауæн нæй цæрæн æнæ рæвдаугæ! Хуымгæнæг нæу. Иæ чысылæй фæстæмæ Фæхуыссы хурмæ, уалдзæг æй ирхæфсы 127
Рæвдауы йæ сыгъдæг дымгæ æдзух Æмæ цæры сæрибарæй. йæ зонды Æрмæстдæр ис чызджы рæвдауын, ууыл Хъуыды кæнын. М и тæ Æмæ уæд мæн рæвдау, Мæн пъатæ кæн, мæ удæнцой! Уадз феной Æз дæу кæй дæн. Æнкъард кæнын, зын мын у Хæрзиунæгæй! Æддагоны цæстæй мæм Кæсынц чызгæй, лæппуйæ. Гъеныр фенин Æхсызгонæй паддзахы фынг æз дæр, Фæлæ кæимæ бацæуон? йæ къай Кæмæндæриддæр чызджытæй ис йемæ, Æз та — мæгуыр, зыбыты иунæг, сидзæр, Кæсынц мæм зул, сæхи мæ ласынц дард, — Æввахс, дам, ма цу, ма хъыгдар! Бæргæ Нæ зæрæдтимæ ацæуин, фæлæ мæ Сæ худынæй — æлхыскъгæнаг ныхасæй — Куы бахсыной. Æмбалæн мын ныллæуу, Мæ удæнцой. Л е л Дæхи аххос дын у, Чысыл миййаг нæ уарзтон дæу, фæсаууон Чысыл цæссыг нæ фæкалдтон. М и тæ Нырма Æдылы дæн, — ныббар мын æй, дзæбæх Лел! 128
Л е л Мæн уæд æрмæст лæгъз ныхасæй хъуыди Дæ барæвдыд — уыдаиккой дæ цагъар Мæ хъуыдытæ мæлæты онг дæуæн. М и тæ Цы ’рцыди, уый дæ ферох уæд, дзæбæх Лел, Чысыл мæ уарз æмæ æнхъæлмæ кæс, Митæ рæхджы дæу бауарздзæн йæхæдæг, Æмæ мæн ахон паддзахы фынгмæ Æмæ Зынг-Хуры скаст уынынмæ дæр Мæ дзæбæх Лел, мæ хæларзæрдæ Лел! Л е л Æнхъæлмæ кæс, дæу ахондзынæн мемæ. Æз лæппутырдæм бауайон, нырма Æххормаг дæн, — ныртæккæ ам уыдзынæн. (Ацæуы.) З-аг ФÆЗЫНД М и -т æ, стæй X æ л у а р æ г. М и т æ Уый цин у, цин! Уый амонд у! Митæ Нæ лæудзæнис æгас адæмæй иуварс, Нæ фесæфдзæн æгас дзыллæйы ’хсæн, Нæ кæсдзæни кæйдæр чъылдымæй уый, Нæ, уый лæудзæни бæрæгбоны разæй, 9 Митæ 129
Цæмæй нго паддзах, ’гас адæм зæгъой, Кæй нæма уыд рæсугъддæр къай дунейыл! (Сисы йæ дидинæгхуд.) Ныххус мæ баст, сæумæцъæхыл мæ ног Хъæуы фæлмæн лыстæг къалиутæй сбийын, Æхсæнты дзы цъæх дидинджытæ сагъд. (Зары.) Зай, цъæх дидинæг, рæсугъдæй! Бацæуы Хæлуарæг. Хæлуарæг (Йæ къухыл ын ныххæцы.) Митæ, æз та дæ фæдыл зилын рагæй. М и тæ Ахх, нæ, ныууадз! Иæ хъæуы. Хæлуарæг Нæу мæ бон Дæ ныууадзын, æз цалынмæ, дзыназгæ, Цæссыг калгæ, нæ фæдзурон дæуæн, Цы хъизæмарæй батадтæн... Мæ уд Нырмæ нæ зыдта уарзыны уæззау низ, Зыдта æрмæст йæхи ирхæфсын уый, 130
Мæ зæрдæ та æлДарйу&гыл сахуыр, Лæгъстæтæ нæ — æрмæстдæр кодта домгæ, Нæ куыдта уый. Æмæ дæуæн дæ разы Цæссыг калæг лæппу нæ лæууы ныр, Уый раздæры сæрыстыр уд æртасыд. Мæнæй нырма нæ разынди цæссыг, Дзæгъæлы дзырд нæ хардз кодтон: æрмæст-иу Æнгуылдзæй сидтæн чызджытæм, цæмæй Сæ уарзындзинад адих кæной мемæ, Æмæ-иу сын сæ рæвдыдæн æппæрстон Сызгъæрин æз. Ныр монцты ’фсондзы бын Æртасыдтæн æмæ кæлы мæ цæссыг. Æркæс-ма, фен: æрыгон чызджы раз Сæрыстыр лæг йæ зонгуытыл æрлæууыд. (Æрхауы йæ зонгуытыл.) М и тæ Цæмæн, цæмæн? Уæлæмæ сыст, Хæлуарæг! Хæлуарæг Зæгъ мын, ды мæн кæй уарздзынæ! М и т æ О, нæ! Дæ ныхас — кард, дæ цæссыгтæ — джебогътæ, Дæ фарсмæ æз тæрсгæ кæнын. Цæугæ! Дæ хорзæхæй, ныууадз мæ! Суадз мæ! Хорз лæг, Цæмæн кæныс Митæйы ныр тæрсын? (Хъавы йæхи атонынмæ.) 131
Хæлуарæг Чысыл фæлæуу! Тæссаг кæй дæн, уый раст у, Æфсармы сырх мæ цæсгомыл тæлмытæй Дзæгъæлы нæу, — мæ бафхæрын дæуæн Нæ батайдзæи. М и т æ О, уарзондзинад кæд Æдзухæйдæр у адæмы ’хсæн ахæм, Нæ уарзып уæд, нæ мæ хъæуы. Хæлуарæг Фæлтау Хуыздæр фæрæзтыл бадзурæм. Митæ, Ды зондзынæ Хъуырмыз-сакъадах, уым Тызмæг денджыз йæ хъарм уылæнтæй былтæм Егъау къæйтыл, цæллахъгæнгæ, фæхъазы, Уым бирæтæ фæленк кæнынц бынмæ Æмæ фæуидзынц денджызы тæссаг бын Зынаргъ хæзна. Æз бавзæрстон мæ хъысмæт, — Æхца фыстон дзыппыдзагæй сæ цардыл Цъæх денджызы хæзнасгарæг лæппутæн Æмæ сæ ’рвыстон денджызы бынмæ Налхъуыт фæрдгуытæ агурæг, æмæ Æрцыд мæ бæллиц, ме ’скаст: иу лæппу мын Ыссардта ахæм стыр налхъуыты къæртт, — Нæдæр ис уыйас паддзахæн йæ худы, Нæдæр йæ усы риударæн фæрдгуыты. Æлхæнгæ нæу: æнæхъæн паддзахады Æмбисы аргъ у. Ивгæ? —Æмæ йе ’мсæр 132
Кæм и хæзна? Æгас зæххыл, Митæ, Йæ аргъ æрмæст дæ уарзондзинад у. Цæй, баивæм: фæуæд мæ хæзна дæу, Ды та мын ратт дæ зæрдæ. М итæ Нæ, дæ хæзна Дæхицæн уадз. Æз бирæ аргъ нæ кæнын Мæ зæрдæйæн, фæлæ мын нæу уæййаг: Мæ уарзт æз уарзтыл ивдзынæн, æцæг, Фæлæ дæуимæ — никæдбон, Хæлуарæг. Хæлуарæг Лæвар дæр мын æй ратдзынæ. Æгъгъæд у Ныхæстæн ныр, æгæр фæдзырдтон демæ. Митæ, чызгон нысан дæ сæрæй аппар. Мæ ус дæ ныр. Паддзахы раз хуыцæуттæй Ард бахордтон æмæ йæ ’ххæст кæнын. М и тæ Ныууадз мæ! Суадз! Митæйæн тагъд — æххуысмæ! Фæзын мæм, Лел! Хæлуарæг А-гъа! Кæд Лел... Уæд фиййау Цæмæ хъавыд, уый байсдзæни Хæлуарæг. Хъуынахор фæстæты æрбатыхсти Хæлуарæгыл. Митæ йæхи атоны æмæ æрдузты алидзы. Хъуынахор йæхи фестын кæны къуыдыр. Хæлуарæг фæлвары М и т æ й ы баййафын, 133
фæлæ се ’хсæн февзæры хъæд. Фæрсырдыгæй фæзыны М и т æ й ы æндæрг. Хæлуарæг æй фæцæйсуры, фæлæ æндарг атайы, йæ бынаты аззайы къуыдыр, цæстытау ыл дыууæ æрттиваджы ныххæцыдысты, афтæмæй. Æнæзонд, кæд фыруарзынæй æррайæ, Æз хус къуыдыры фенхъæлдтон мæ уарзон, Æрттивджыты цъæхбын уазал рухс та — Митæйы ирд цæхæркалæг цæстытæ! Бæлæсты аууонæй фæзыны М и т æ й ы æидæрг æмæ сиды Хæлуарæгмæ. Къутæртæ æмæ бæлæсты хихтæ ивынц сæхи ялы фантазион хуызты. Хæлуарæг фæуайы æндæрджы фæдыл. Хъуынахор Зил ахсæв ныр тæхгæ ’ндæргæн йæ фæдыл! Фæлывд сæнтты хуызивæг фæлгонц ахс! Дæ зонд æрмæст æрсабыр уыдзæн бонæй. Ацæуы; æрдуз та сси фыццаджы хуызæн. Бацæуы Лел, йæ фæдыл Рæсугъд Еленæ. 4-æм ФÆЗЫНД Лел, Рæсугъд Еленæ. Е л е н æ Кæдæм лидзыс, уацаргæнæг фиййау? Ныфсæвæрæн цæстæй фæкæс фæстæмæ! Л е л Рæсугъд Еленæ! 134
Е л е н æ Дис дæм кæсы, ахæм Æнафон хъæды тары кæй дæн, уый? Зæрдæргъæвд Лел, мæи расайдта йæ фæдыл Зылангхъæлæсджын булæмаргъы зарæг. Уый иу къутæрæй иннæмæ тæхы, Мæ уарзæгой зæрдæ йæ фæдыл сайгæ, Æмæ ныр та фыддæр ранмæ фæсайы Еленæйы Рæсугъды. Л е л Дард нæма дæ Нæ паддзахæн йæ цатырæй нырма. Цу, аздæх æм, быгъдæг фæндаг у, тас дын Æппындæр нæу. Е л е н æ О, дурзæрдæ фиййау, Нæ фæнды дæу Еленæйы Рæсугъды Ам, тархъæды ’хсæн, нарæг къахфæндагыл, Йæ цонгыл хæцгæ, ахонын. Л е л Уый, хонгæ, — Бæргæ, фæлæ мæ зæрдæ нæй йæ раны: Куывдты уыдтæн æмæ мæ дзуг ныппырх и, Æмæ ныр мæнæ къутæрты бынты Æз агурын мæ уæрыччыты иугай. 135
Е л е н æ Кæм къутæрты? Æдзæсгом, æз æмбарын, Ды тархъæды цы уæрыкк ахсыс, уый. Мæгуыр уæрыкк, дæхи дзы бамбæхс дарддæр, Кæннод дæ Лел куы ссара, уæд дæу дæр Æрцахсдзæни йæ кæлæнты хызы, Еленæйы куыд æрцахста, раст афтæ. Æнамонд усæн разылдта йæ сæр, Йæ хъуыдытæ йын аздæхта йæхимæ, Æмæ йæ ныр... фыдæнхъæл дæ фæдæн: Сымахыл нæй зæрдæдарæн, фиййæуттæ. Л е л Цу цатырмæ, Рæсугъд Еленæ, науæд Кæй нæ дæ уым, уый базондзысты тагъд! Е л е н æ Ахх, уарзон Лел, тæрсын. Л е л Цæмæй тæрсыс, Рæсугъд Еленæ, уагæры? Е л е н æ Ахх, Лел Æппæтæй дæр. Кæс-ма, дыгæйттæй пыхсы Цъæх бирæгътæн куыд æрттивынц, цырæгътау, Сæ цæстытæ сырх-сырхидæй. Кæс, уæлæ, 136
Гæдыйау, сырд куыд æрцауындзæг тулдзыл, Йæ цæстытæ — кæрæдзи мидæг уад, У йе ’взаг ласт, цыма йæ хурх чындæуы. Кæс, иннæ сырд, цыдæр æнæуаг хъазтæн, йæ хъуынджын къах сындз-къутæрмæ ныддардта, Йæ цæстытæ ныцъцъынд кодта æмæ Хæрзрæсугъд фæлыст къутæрæн йæ дарæс Кæм не ’мбæлы, уым байгом кæндзæн тагъд. Тæрсын æппæтæй — рухсæй æмæ тарæй, Хъæдтаг сырдæй, стæй адæймагæй, бирæ Цæмæйдæрты. Æрмæст зæрдæргъæвд Лелæн Иæ бар кæнын, æдæрсгæйæ, мæхи Цъындцæстæй æз. (Йæ цæстытæ бацъынд кæны æмæ йæхи бауадзы Лелы риуыл.) Куыд адджын у, куыд хорз у Дæ хъæбысы æнцад хуыссын æндзыгæй! Бацæуы Б е р м я т а. Л е л æм ратты Рæсу гъд Е’ленæйы æмæ ацæуы. Фæлæ нæ судзы ме ’нкъарæнты пиллон йæ риуы арт зæрдæргъæвд Лелæн. 5-æм ФÆЗЫНД Рæсугъд Еленæ, Бермята. Б е р м я т а Лел Дæ пиллонкалæг судзгæ уарзтæй алыгъд. 137
Е л е н æ Æвирхъау ми! Б е р м я т а Æфхæргæ, кæнæ дис Нæ кæнын æз: мæ саурæсугъд æхсины Фыццаг хатт æз кæйдæр хъæбысы н’ арын. Цом мемæ ныр! Æнафонæй нæ хъæды Куы фендæуа, уæд — моимæ хæтын Æгаддæр нæу фиййауимæ хæтынæй... Е л е нæ Мæ хорз хицау, фыдгæнæг Лел дæумæ Дæ усы уарзт дывæр тыхджын фæкодта: Рæсугъд Еленæ баууæндыди ныр, Лæппулæгтæ къæйных, мæнгард кæй вæййынц, Нæ лæгтæ та — хæларзæрдæ, дзæбæх. Ацæуынц. Фæзыны Л е л. М и т æ рацæуы къутæрты аууонæй. 6-æм ФÆЗЫНД Л е л, М и т æ. М итæ Фæлæуу мын загътай, æмæ ам лæууын. Цом паддзахмæ! Кæс-ма, мæхицæн ног худ Ысбыдтон æз. Мæн ахон демæ ныр, Зæрдæргъæвд Лел. Æрбахъæбыс кæндзыстæм 138
Кæрæдзийы. Дæ зæрдæмæ мæ зæрдæ Уыдзæн хæстæг. Кæс-ма, фыртæссæй ризын: Хæлуарæг мæ тæрсын кæны, — мæ фæдыл Æдзухæй зилы, агуры мæ. Хъус-ма, Цы загъта, цы! Митæ, дам, ныр мæ ус у. Митæ, дам, ус! Куыд баууæндæн ис ууыл? Куыд дæрзæг дзырд, куыд æвзæр ныхас у! Л е л (Уардийы ауынгæйæ.) Миййаг, кæд ам æнхъæлмæ кæсгæ нæу? Кæд уартæ уым хуыздæр у! Митæ Ам уа, уым уа, — Ды мемæ дæ, цы ма нæ хъæуы? Л е л Уартæ Мæ уæлыгæс æрбазгъоры, мæнæн Цыдæр мæ хъусы сусæгæй зæгъынмæ. Цу, уартæ уым æнхъæлмæ кæс. М и т æ Табуафси. Иннæрдæм ацæуы. Базгъоры У а р д и. 139
7-æм ФÆЗЫНД Лел, Уарди, Митæ. У а р д и Кæдæй-уæдæй ма ссардтон дæу, мæ дуне, Мæ удæнцой, мæ урсбазыр бæлон! Дæ дзæццытæн, дæ рустæн пъатæ нæ — Дæуæн Уарди дæ къæхты бын хуысдзæни, Мæ урсбазыр рæсугъд бæлоп. Л е л О, амонд! Æмхиц вæййы йæ чыргъæдыл мыдхæссæг, Сыфтæр — уымæлыл, дидинæгыл — бындз, Уардийыл — Лел. У а р д и Мæ урсбазыр бæлон, Мæ зæрдæ срухс, æнусмæ дын уыдзынæн Æз арфæйаг. Ды бахызтай Уардийæн Йæ чызгон ном фыдæвзаджы сындзытæй, Дæ иу пъайæ æгас адæмы раз Мæ зæрдæ срухс æмæ мæ скодтай кадджын. Л е л Ау, æз дын пъа куы кодтон, уæд нæ зыдтон Мæхицæн цавæр зæрдæ ’лхæнын? Кæд Сæрхъæн лæппу — дзæгъæл фиййаумæ нæй Æппындæр зонд, уæддæр зæрдæйæ ссардзæн Йæхицæн къай. 140
У а р д и Ды къай — зæгъыс? Къæбыла. Фæсид-иу мæм, мæ рæвдыд дæ куы хъæуа, Цæв-иу мæ, сур — куы мæ фæлмæцай, уæд, — Дæуæй æз хъазт нæ кæндзынæн, æрмæст дын Мæ цæстытæй сæ сыгкалгæ, зæгъдзынæн Миййаг та дæ куы бахъæуон, уæд мæм Куы фæсидай — фæзындзынæн дæм ногæй. Л е л Мæ цæстырухс, мæхи Уарди, дæ сидзæр Йæ хæтæнхуйг сæрибар цард фæци. Бæрзæндты-иу цы сæр хаста, дæ къухтæм Æрхауди уый, йæ цæстытæй ныккасти Дæ цæстытæм, йæ фæллад зæрдæ банцад Дæ зæрдæйыл. У а р д и Зæрдæргъæвд Лел, нæ зонын, Цæйбæрц, кæдмæ фæуарздзынæ ды мæн, Фæлæ æз дæу фæуарздзынæн мæ царды Фæстаг бонмæ, мæ урсбазыр бæлон. Л е л Цæй, тагъддæр цом! Æхсæвидартæ цъусгай Фæлурс кæнынц. Зына-нæзына рухс тæлм Ыскæсæны сæуæхсидæй фæзынд Æмæ Фæйнæрдæм абузы сындæггай. Уый райхъал бон æмæ йæ цæстыхаутæ 141
Зыхъхъыр кæны. Цæи, цом! Ныр афон у Зынг-Хуры скастыл фембæлынæн. Хурæн Æппæты раз сæрыстырæй ныр Лел йæ уарзон усы равдисдзæн. М и т æ рауайы къутæртæй. М и тæ Æрлæуут! Фæлитой Лел, цæмæн ма кастæн æз Æнхъæлмæ уæд, цæмæн ма быдтон худ та? Цæмæй йæ ныр мæ цæссыгтæй æхсон? Æмæ мын уæд цæуылнæ загътай раздæр?! Митæ, ныр би, би худ æмæ йыл ку. Дæ цæссыг кал йæ сыфтæртыл, йæ хихтыл! Митæйы ды цæмæн сайдтай? У а р д и Митæ, Дæ хорзæхæй, зæгъ-ма мын æй, ды та Цæимæ хъуамæ фембæлай Зынг-Хурыл? Гъе, махæй зæгъ: нæ цæстыты фæсудзынц, Цæхæртæ калгæ, уарзондзинад, цард, — Сты уыдон та Зынг-Хуры стыр лæвæрттæ Æмæ йын хуын йæ лæвæрттæй фæхæссынц Нæ лæппутæ, нæ чызджытæ. Ды та Ысбыдтай худ, æрцауыгътай фæрдгуытæ, Дæ сæр ныффастай, ног дзабыртæ скодтай, — Дæуæн, сæрхъæн сывæллонау, дæ мæт Æрмæст у уый, цæмæй кæсай дæхимæ, 142
Дæ дарæсмæ, цæмæйиу слæууай разæй, Зынгæдæр ран, куыд дæ уыной, дæхицæй Сæ цæсты раз куыд ныббуц уай. М и тæ Уарди, Мæ цардхалæг! Дæхи ныхас у уый! Дæхæдæг мæ дæ цардхалæг хуыдтай, Æмæ мын ныр мæ цард дæхæдæг халыс. Л е л Митæ, ды-иу Уардийы хъарм ныхæстæм Хъус арæхдæр! Ды хъуамæ зонай ныр, Чызджы зæрдæ куы бауарзы, уæд æй Цы фæхъæуы лæппуйæн дзурын, уыдон. Уардийы фæзм, куыд уарзын хъæуы, уымæй. Стæй ноджы зон, сывæллоны сыгъдæг Зæдтон уарзт мæн кæй нæ хъæуы. Хорз байрай! (Азгъоры Уардиимæ.) М и т æ Фæсайд, æрхауд, дзыхъмард фæци Митæ. О, ме ’схæссæг, Хъæлдзæг-Уалдзæг, мæ мад! Фæцæуын дæм мæ хъаст хæссынмæ, курæг! Æри мын уарзт, мæн уарзын фæнды. Ратт Митæйæн ныр чызджы зæрдæ, зынаргъ мад! Æри мын уарзт, кæнæ мын айс мæ цард! (Алидзы.) 143
ЦЫППÆРÆМ МИ УÆВДЖЫТÆ Паддзах Берендей. М и т æ. Хæлуарæг. Л е л. X ъ æ л д з æ г-У а л д з æ г. Б е р е н д е й т æ. Уалдзæджы фæсдзæуинтæ, дидинджытæ. Хуры фæз: галиуырдыгæй уырдыг атагъа ныллæг къутæртимæ; рахизырдыгæй тархъæд. Астæуæй цад, схъамыл ис æмæ дзы рæ- сугъд дидинæгджын кæрдæг сфардæг ис. Цады былтыл дидинæг- калæг къутæртæ, донмæ сæ къалиутæ æрзæбул сты. Цады рахиз- фарс. Зынг-Хуры гæмæх хох, уæлæмæ ахаста цыргъ цъупп. Сæуæхсид. 1-аг ФÆЗЫНД М и т æ й ы æндæрг фæуайы, зæххыл зына-нæзыка пыдзæвгæйæ. X æ л у а р æ г фæуайы йæ фæдыл. Хæлуарæг Æгас æхсæв йæ хуыз мæ цæстыл уайы. Фæлæуу мæм иу цæстныкъуылдмæ, Митæ! Æндæрджы фæдыл азгъоры хъæдмæ- къуылдымыл æрцæуы М и тæ. 144
2-аг ФÆЗЫНД Митæ, Уалдзæг. М и т æ (цадмæ дзургæйæ). Мæ ныййарæг, цæссыг калгæ дзыназы Дæумæ дæ рохгонд иунæг чызг: фæзын, Фæзын мæм тагъд дæ цадæй æмæ базон Дæхи чызгæн йæ хъаст æмæ йæ маст. Цадæй сленк кæны У а л д з æ г, йæ фæдыл — дидинджытæ. У алдз æг Мæ рæсугъд чызгМитæ, зæгъ-ма, цæуыл мын Лæгъстæ кæныс? Æнæнымæц лæвæрттæ Фæстаг хатт у дæуæн раттын мæ бон. Фæстаг сахат æрвиты демæ Уалдзæг, — Куы срухс уа бон, уæд ракæсдзæн Зынг-Хур Æмæ уæд Сæрд ныллæудзæни йæ барты. (Бацæуы Митæмæ.) Цы дын нæй фаг, цы ма дæ хъæуы? Ми тæ Уарзын. Мæ цуры алчи уарзгæ кæны. Ис сын Хæрзамонд, цин, æз та — зыбыты иунæг, Хæлæг кæнын кæйдæр амондмæ ’нкъардæй, 10 Митæ 145
Фæнды мæ уарзын, фæлæ йæ зæгъын Нæма зонын, мæ риуы нæй æнкъарæн. Куы байдайын рæвдауын, уæд фæхъусын Æрмæстдæр бустæ, уайдзæф æмæ худын, — Сывæллонау, кæй ницы ’мбарын, уазал Кæй у мæ зæрдæ, уый тыххæй. Нырма Нæ зонын уарзын, афтæмæй мын, калмау, Мæ риу æууилы искæмæ хæлæг. Мæ фыд Митæг æмæ ныййарæг Уалдзæг^ Митæйæн тынг æвзæр бынтæ ныууагътат, — Хæлæг фæкæнын уарзыны бæсты! Нывæрдтат мын, чындзон лæвары ’фсон Мæ чырыны æнæхуыссæг æхсæвтæ Æмæ кæугæ æнæрухс бонтæ. Абон Мæ цæсгом уазал суадоны æхсын, Кæсын дын доны айдæнмæ æдзынæг Æмæ уынын: мæ уадултыл — цæссыгтæ, Мæ цæсгом та — æнæхуыссæг, æмпылд. Æмæ тæрсын: куы баруайа мæ рæсугъд Æнæцинæй. Мæ мад, æри мын уарзын! Рæсугъд уарзын, чызджы зæрдæ. У а л дз æг Мæ чызг, Дæу ферох и, дæ фыд цæмæй тарст, уый. Дæ бауарзты дæ мæлæт ис. М и т æ Мæ мад, Уадз, байсæфон: цæстфæныкъуылдмæ уарзын Æхсызгондæр, зынаргъдæр у мæнæн Цæстысыгджын æикъарддзинады азтæй. 146
Уалдзæг Цæй, хорз, мæ чызг, уыдзæни уарзондзинад Дæуæн лæвæрд. Мæ дидинджытæй худы Ис уарзыны æнæивайгæ суадон, Æмæ йæ сис. Æввахс-ма мæм æрбабад. Уалдзæг æрбады кæрдæгыл, Митæ йæ фарсмæ, ,сæ алфам- былай дидинджытæ. Кæс-ма, мæ чызг, куыд æмæрттывд кæны Иæ кæрдæгæй, йæ дидинджытæй, зæрдæ Куыд рухс кæны йæ хъазт æмæ йæ тæфмæ! Кæцыфæнды йæ дидинджытæй райс — Дæ зæрдæйы дын райхъал кæндзæн, ныронг Кæй нæма зыдтай, ахæм ног æнкъарæн, Æрыгоны бæллиццагдæр фæндон. Уым алкæм дæр ис хицæн æмæ хицæн Æнкъарæнтæ, æмбырдæй та сæ хуызтæ, Сæ адджын тæф — рæсугъд худы бынæй — Дæттынц æппæт æнкъарæнтæ зæрдæйæн. Куы йæ ’ркæнай, уæд базмæлдзæн дæ туг, Дæ цæстыты та ссудздзысты цырæгътæ. Дæ уадултыл фæзындзæни хъуырмыз Æмæ чызгон тыхджын уарзондзинадæй Бæрзонд улæфын байдайдзæн дæ риу. Худæй малусæг куы зына — Сисдзæн уадулты фæлурс, Уыдон урс сыгъдæг дзыдзына Фидаугæ кæндзæни рухс. Морæ дидинæг æдзухæй Былтæн пух рæсугъд дæтдзæн, Тарцъæх дидинæг рæсугъдæй Худын мидбылты кæндзæн. 147
Риуы, уæхсчыты хуыз ивдзæн Уарди-дидинæг сырхæй, Æмæ цæстытæй æрттивдзæн Ирд æрвдидинæг цъæхæй. Мак дын батавдзæн дæ зæрдæ, Хъуыды бамбæхсдзæн кæмдæр, Цæсгом калдзæни цæхæртæ Æмæ зилдзæни дæ сæр. (Митæйы сæрыл æркæны дидинæгхуд.) М итæ Мæ зынаргъ мад, цы кодтон? Диссаг: хъæд Куыд рарæсугъди! Цад æмæ йæ былтæм Нæ бафсæддзæни адæймаг кæсынæй. Мæн сайы дон йæхимæ, къутæр та мæм Иæ къух тилы, уæд арв та, мæ мад, арв! Уылæнгæнгæ, тыбар-тыбур кæны Сæуæхсид дард. У а л дз æг Хæрзбон, мæ чызг Митæ! Ныххауд дæ риуы судзгæ уарзондзинад. Ныр мондæгтæй кæндзæни дзаг дæ зæрдæ. Нырма æрмæст уыгæрдæнты рæсугъдыл, Лæгъз сабыр.цадыл дис кæныс, дæ цæст Нæма фемдзаст лæппуйы зынг цæстытæм. Куы сæ фенай, уæд бамбардзæн æрмæст Æцæг уарзынæн йе ’цæг тых дæ зæрдæ. Фыццагдæр дыл цы амондджын амбæла, Уый бауарз, чи фæнды куы уа, уæддæр. 148
Фæлæ, мæ чызг, дæуарзондзинад ма ’вдис Зынг-Хурмæ^ды, йæ цæхæрцæстмæ йын Æдзынæг ма кæс, ма дис кæн йæ тынтыл, Кæс, бæрзæндтыл сызгъæринæй фæзынд Æмæ рæхджы ныррухс кæндзæни бæстæ. Цу, згъоргæ тагъд, æртæхвæндæгтыл хъæумæ Æмæ дыл мачи фембæлæд, миййаг, — Мæ цæстытыл цыдæр æнамонд уайы. Хæрзбон, мæ чызг, нæ иннæ фембæлдмæ Æмæ дæ мадæн ма рох кæн йæ фæдзæхст. (Цады йæхи ауадзы.) Ми тæ Цы диссаджы егъау хæзна хæссын Мæ зæрдæйы! Сывæллонæй æрцыдтæн Æз ацы тар тызмæг хъæдмæ, цæугæ та Кæнын чызгæй, мæ зæрдæ байдзаг цинæй, Зæрин ныфсæй, рæсугъд æнкъарæнтæй. Хæссон мæ хæзна ацы къахфæндæгтыл, — Мæнæй дарддæр æй ничи зоны, — сырдтæ Ныннадтой уый цъыфдзастæй уартæ цадмæ. Цæуæг ыл нæй, æрмæст ыл сырдтæ зилынц, Цæмæй фыдæнæн расыг лæгты сайой Цъымарамæ, Фæцæуы хъæдмæ. Йæ размæ рацæуы X æ л у а р æ г. 3-аг ФÆЗЫНД Митæ, Хæлуарæг. Хæлуарæг Митæ! 149
М и тæ Ахх, фембæлд мыл! X æ л у а р г Мæ тых, мæ хъару басасти, Митæ, Æгас æхсæв дæ фæдыл зилын. Багъæц! Æви тæрсыс? М и т æ О, нæ, Хæлуарæг, нæ, Æз нал тæрсын. Куыд адджын у дæ ныхас! Дæ цæстæнгас куыд ныфсхаст у! Дæ ных — Бæрзонд. Уæндаг. Дæ ныхас та — æргом. Мæ зæрдæ мын сæхимæ ласынц уыдон. Тæрсаг æмæ æфсæрмæйдзаг зæрдæ Æххуыс куры тыхджын æмæ ныфсхастæй. йæ уарзæгой, зыр-зыргæнаг зæрдæ Дæ зæрдæмæ хæстæг кæны Митæ. Хæлуарæг (хъæбыс ын кæны.) Зыдгæнгæ дын дæ рухс ныхæстæм хъусын, Фæлæ мæ ацы стыр амонд нæ уырны, Нæ мæ уырны, Митæ! М и таб О, ме ’стыр амонд, Ныббар мын æй: цæмæйдæр тарстæн æз, Мæхимæ дæр ныр худæг кæсы, раздæр 150
Цыдæр хæзнайыл ауæрстон, нæ зыдтон, Нæ дунейыл зынаргъдæрæй цы ис, Кæй фæцæры уый иунæг дзырды: уарзын. Хæл у а р æ г Зæгъ, ноджы, ракæн де ’хсызгон ныхас — Кæрон нæ уыдзæн мах амондæн! Митæ М’ ахсджиаг, Дæ цæсгом ма мын фенын кæн, дæ зынг Цæстытæм дын ныккæсон! Хъус-ма, раздæр Чызджы фæлмæи уæздан цæстæнгас, урсцъар, Фæлурс æмæ хæмпус уадултæ æз Рæсугъддзинæдты хистæрыл нымадтон. Куыд æдылы, куыд къуырма уыдтæн уæд, Цæй барæн ис чызджы рæсугъддзинадæн Дæ хорз уындимæ, чызджыты лæмæгъ Фæлурс цъарæн цы хуызы барæн ис Нæлгоймаджы дæрзæг хурсыгъд хуызимæ? Дæу у Митæ, ныр æй дæхицæн акæн Дæ хæдзармæ, — рæвдаудзыиæн дæ, уарзгæ, Кæсдзынæн дын дæ цæстытæм, цæмæй дын Дæ хъуыдытæ, æнæдзургæйæ, зонон. Фæлæ, мæ цæст, мах лидзын хъæуы, Хурæй Куыд бамбæхсæм нæ хæрзамонд, нæ уарзын, — Кæннæуæд нæ куы байсафа. Тæхæм, Æрбамбæрз мæ. Мæлæтхæссæг сырх тынтæй Тæрсын, тæрсын. Цæй, фервæзын кæн тагъд Митæйы ныр йæ мæлæтæй! .151
Хæл у арæг Мæ дуне, Дæу — фервæзын? Дæ уарзондзинад у Æнамондæн йæ ирвæзынгæнæг. Куы скæса Хур, уæд бавдисдзæн Хæлуарæг Йæ зæрдæдарæн хорз æфсинæй дæу, Йæ тызмæг маст нæ паддзахæн æрсæтдзæн, Æмæ зæрдæйæ бонджын Берендей Цæринаг къайæн ракæндзæнис арфæ. М и тæ (йæ зонгуытыл). Мæ мад æмæ мæ фыды фæдзæхст мын Нæй аивæн, мæ удæнцой. Æхсайдтой Цыдæр фыдмæ сæ зæрдæтæ, фæдзæхстой, Цæмæй, куыд уарзын, ма фена уый Хур: Адзал мын у. Цæй, бамбæхс мын мæ уарзын, Мæ уд, мæ зæрдæ бахъахъхъæн! Митæ Тæригъæд у! Хæлуарæг Лæмæгъзæрдæ лæппутыл Фæцахуыр дæ дæхи фæндтæ тæрын, Цæмæй кæсой æппынæдзух дæ коммæ. Фæлæ дын æз чысыл саби нæ дæн, Æз уарзын дæр, фæхъæр дæр зонын: баззай! М итæ Фæндонæй нæу. Хæрзбын кæны Митæ Дæхи къухты. 152
Хæл у а р æг Цы бæллæхæй нæу тас, Нæ хъæуынц ууыл сабийы ныхæстæ, Фæлæ æцæг куы ралæууа мæлæт, Уæд ыл дыууæйæ сæмбæлдзыстæм иумæ. М и т æ Кæс-ма, кæс-ма! Куыд ныррухс хурыскæсæн, Куыд тæссаг у! Дæ хъæбысы мæ батух, Дæ дарæсы, дæ къухтæй мæ нымбæрз, Тызмæг тын мæ куыд никуы ссара, афтæ: Кæнæ мæ уартæ сатæг цады был Бæзджын бæласы къалиуты бын бамбæхс. Къутæры аууон æрлæууы. Хъæдæй къулдымыл æрцæуынц адæм„ сæ разæй фæндырдзæгъдджытæ æмæ фиййæуттæ. Сæ фæдыл п а д- д з а х йæ фæсдзæуинтимæ, паддзахы фæдыл — къæйттæй усгуртæ æмæ чызджытæ бæрæгбоны фæлыстæй, уыдоны фæстæ та — берендейтæ. Фæзмæ æрхизгæйæ, адæм дыууæ хайы фесты. 4-æм ФÆЗЫНД Митæ, Хæлуарæг, паддзах Берендей, Лел æмæ адæм. Се ’ппæт дæр æнхъæлмæ кæсынц Хуры скастмæ, æмæ йæ фыццаг тынтæ куы фæзынынц, уæд æмхъæлæсæй ныззарынц. 1-а г х а й Мах та фагæ таудзыстæм, таудзыстæм, Ой-ри, ой-ри, таудзыстæм, таудзыстæм. 2-а г х а й Мах уæ фагæ сафдзыстæм, сафдзыстæм, Ой-ри, ой-ри, сафдзыстæм, сафдзыстæм. 153
1-а г х а й Уæд æй цæмæй сафдзыстут, сафдзыстут, Ой-ри, ой-ри, сафдзыстут, сафдзыстут? 2-а г х а й Нæ бæхтæ йæм уадздзыстæм, уадздзыстæм, Ой-ри, ой-ри, уадздзыстæм, уадздзыстæм. 1-а г х а й Уæ бæхтæ уын ахсдзыстæм, ахсдзыстæм, Ой-ри, ой-ри, ахсдзыстæм, ахсдзыстæм. 2-а г х а й Балхæндзыстæм нæ бæхты, нæ бæхты, Ой-ри, ой-ри, иæ бæхты, нæ бæхты. Ьа г х а й Æмæ сыл цы ратдзыстут, ратдзыстут, Ой-ри, ой-ри, ратдзыстут, ратдзыстут? 2-а г х а й Ратдзыстæм уын рæсугъд чызг, рæсугъд чызг, Ой-ри, ой-ри, рæсутъд чызг, рæсугъд чызг. 1-а г х а й Иу чызг та ныл бафтыди,' бафтыди, Ой-ри, ой-ри, бафтыди, бафтыди. 154
2-а г х а й Иу чызг та нæ фæхъуыди, фæхъуыди, Ой-ри, ой-ри, фæхъуыди, фæхъуыди. Заргæйæ дыууæ къорды дæр æввахсæй-æввахсдæр кæнынц яæрæдзимæ, зарды мыртæм хъусгæйæ, усгуртæ бацæуынц сæ къайæгтимæ æмæ акувынц сæ сæртæй п а д д з а х æ н. П а д д з а х Уæ бафидауын хорзы бон фæуæд, Æнцойад æмæ фарны бон! Хъæздыгæй Æмæ фæрныгæй цинтимæ цæрут Уæ зæнæджы зæнæджы ’хсæн зæрондмæ! Æнкъард æмæ хъыгзæрдæйæ кæсын Нæ адæмы бæрæгбонмæ: тызмæгæй Æмбæхсы Хур æмæ йæ быгъдæг хохыл Æлхынцъæрфыг бæзджын æврагъ æрбадт. Зынг-Хур нæм нæу хуымæтæджы тызмæг, Цыдæр бæллæх нын сайдзæнис, тæрсын: Нæ хуымтæ нын куы басудза, йе — уазал Куы скæна ног, тыхджын дымгæ куы сыста, Нæ мæнæутæ куы нызгъæлой, кæнæ Мæнæугæрдæн хъызт рæстæджы куы ’рцæуа, Куы ныл ныууара рагвæззæджы мит, Нæ адæмыл уæззау, фыдаз куы скæна!.. Хæлуарæг (Митæйы паддзахмæ бакæны.) Цытджын паддзах, дæ фæндондзинад уыд Мæнæн закъон æмæ йæ сæххæст кодтон: 155
Митæимæ ныр арфæ ракæн махæн, Мæ азым мын ныббар æмæ дæ маст Хатырмæ раив! Адæмы хъæлæстæ Диссæгтæ, Митæ Куы бауарзта! II а д д з а х Митæ, дæ барвæндонæй Дæ хъысмæт раттай усгурæн? Æцæг, Зæрдæбынæй йæ уарздзынæ? М итæ О, паддзах! Сæдæ хатты куы бафæрсис, уæд дын Сæдæ хатты зæгъин, зæгъгæ, йæ уарзын. Куы ’рбацъæх бон, уæд ме ’взæрст къайæн æз Мæ барвæндæй мæ зæрдæ байгом кодтон, — Йæ хъæбысмæ йын баппæрстон мæхи. Ныр, бонрухсæй, æгас адæмы раз, Дæ цæсты раз, нæ кадджын Берендей, Цæттæ дæн æз мæ ныхæстæ, мæ цинтæ Мæ мойагæн дыккаг хатт ракæнынмæ. Уыцы рæстæджы хуры судзгæ тын, кардау, æрлыг кæны сау мигь æмæ сæмбæлы М и т æ й ы л. Фæлæ уый циу: мæлæт у, æви амонд? Цы мыл æрцыд!?. Æхсызгон æмæ ’нцон! Мæ зæрдæ срухс и, адджын фынау, Уалдзæг, 156
Мæ уарзон мад, æз бузныг дæн дæуæй, Дæ цин æмæ дæ уарзыны лæварæй! Куыд æхсызгон у ме ’уæнгтæн! о, Лел, Дæ фæлмæн зарын азæлы мæ хъусты... Арт судзы, судзы зæрдæйы, мæ туджы, Мæ цæстыты, кæмдæриддæр — цъæх арт. Æхсызгон уарзтæй уарзын æмæ тайын, Фæтайын адджын уарзынæй. Хæрзбон, Мæ хæлæрттæ, хæрзбон, мæ мой. О, ме ’скаст, Митæйæ дын фæстаг салам. Хæрзбон! (Атайы.) Хæлу а рæг Митæ, цæр ма, цæр, сайæгой, цæр мын Æмæ мæ уарз! Мæ хъæбысы æндæргæй Нæ уыд Митæ, уый хъарм уыди; зыдтон, Æз хатыдтон, æмбæрстон æй, кæй уыди Æцæг зæрдæ йæ риуы æмæ дзаг Кæй уыди уый тæрсынæй æмæ уарзтæй. Куырдта мæнæй, цæмæй йæ ’мбæхсон Хурæй. Нæ йæм хъуыстон æмæ ныр ам, мæ разы Мæ дуне батад, уалдзыгон митау. Митæ, нæ, нæ, мæ сайæг ды нæ дæ: Мæн асайдтой хуыцæуттæ, уый хъысмæты Фыдракæнд у. Фæлæ хуыцæуттæ кæд Мæнгæрдтæ сты, уæд ницы у нæ цард. (Азгъоры Хуры хохмæ æмæ йæхи аппары цадмæ.) П а д д з а х Тæригъæдтаг Митæйы байсæфтыл Æмæ Хæлуарæджы тæссаг мæлæтыл 157
Мах хъуамæ сагъæс ма кæнæм. Хур зоны, Кæй æфхæры, кæй рæвдауы. Æрцыди Йæ раст тæрхон! Митæджы байзæдтаг — Йæ уазал тых — Митæ — ныр махæй ацух. Фынддæс азы уый мах æхсæн фæцард, Фынддæс азы Зынг-Хур тызмæгæй касти Нæ адæммæ. Йæ мæлæтимæ ныр Митæ нæ бæстæй ацæудзæни дардмæ. Æххæст, уæдæ, нæ зæрдæтæй дæр хъызт Фæсурæм мах, стæй аздæхдзыстæм Хурмæ. Уырны мæ мæн, кæй ракæсдзæни Хур Йæ иузæрдыг, йæ уарзон берендейтыл. Иæ хъæлдзæг Лел, ныззар Зынг-Хурæн зарæг Йæ намысыл, уæд базардзыстæм мах дæр. Æндавæг Хур, дæ кадæн кувынц, паддзах Æмæ фиййау, фæзын нæм, рухс Хур, ракæс! Л е л (ныззары). Рухс — нæ хъару, Хур, дæ бар у, Бир-бирæ азты рацæр! Ницы ис Хурæй зынаргъдæр! Хохьг цъулшыл иу-цалдæр цæстфæныкъулдмæ атайы мигъ, фæзы- ны X у р ы бардуаг лæппулæджы хуызы, урс дарæсы, йæ галиу къухы — рухсгæнæн адæймаджы сæр, йæ рахизы та сысджыйы куырис. Паддзахы амындæй лæггадгæнджытæ рахæссынц æнæхъæн галтæ æмæ фыстæ сызгъæрин сыкъатнмæ, боцкъатæ æмæ кæхцытæ мыд æмæ бæгæныимæ — куывдæн цы хъæуы, уы- донæй алцы дæр. 158
Иумæйæг зарæг Рухс — нæ хъару, Хур, дæ бар у, Бир-бирæ азты рацæр! Ницы ис Хурæй зынаргъдæр! Зарджыты къорд Рухс байтау армæй, Сæрд рауадз хъармæй, Бир-бирæ азты рацæр! Ницы ис Хурæй зынаргъдæр! Рауадз ныл хорз рæстæг, Сæрд куыд уа хордæттæг. Рухс хур, мыггагмæ рацæр! Ницы ис Хурæй зынаргъдæр! Кæр о н.
Александр Николаевич Островский Снегурочка Редактор Муртазов Б. А. Художник Матвеев Л. Д. Художест. редактор Сабанов X. Т. Технический редактор Датриева Е. У. Корректоры С а в к у е в а М. Б., К а й т у к о в а Т. А. Сдано в набор 19-1У-1962. Подписано к печати 9-УИ-1962 г. Формат бумаги 70х1081/зэ. Пе- чат. листов 6,85. Учетно-изд. листов 4,73. Заказ № 965. Изд. № 51. Тираж 503 Цена 24 к. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, ул. Гражданская, 2. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.