Author: Хадыхъаты Ф.  

Tags: аивадон литературæ  

ISBN: 978-5-91139-181-2

Year: 2013

Text
                    Хадыхъаты Фатимæ
ФШ
Й^м^
Гасситы Викторы номыл
рауагъдадон-полиграфион куыстуат
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ 2013


84(2Рос-Осе) Х-12 Хадыхъаты Ф. Х-12 Уды фарн[Текст]:Æмдзæвгæтæ/Ф. Хадыхъаты — дыккаг рауагъд — Дзæуджы- хъæу: Гасситы Викторы номыл рауагъда- дон-полиграфион куыстуат, 2013 — 160 ф. Хадикова Ф Богатство души 84(2Рос-Осе) © Хадикова Ф., 2013 13ВИ 978-5-91139-181-2 © Федорченко В., оформление, 2010 О
$ '*&&* #^ 1 * * * Фæззæгæи йæ къæдзилыл хæцын, Æмæ ма фæлæууид кæд чысыл. Ма кæ, фæззæг, ма мæ фæцу дард, Мй кæн ды, мæ фæззæг, ма кæн тагъд. Зымæгæн йæ уазалæй тæрсын, Зымæгæн йæ даргьæй æз тыхсын. Уымæн æз дæ къæдзилыл хæцын, Æз дæ уындæй никуы бафсæдын. 4 3 #
^ тф^Ф< #<& ^ НАФИЙЫ СЫРДОНМÆ Уыдтæ цымæ мæ фыд, кæнæ æфсымæр, Гъе, ахæм зæрдæ дæм хæссын. Мæныл та андзæвы дæ улæфт Æмæ дæ цæстытæм кæсын. Дæу мысын цины æмæ масты, Дæуимæ ницы у мæ зын. Дæуимæ у æнцондæр царды Æмæ та-иу мæм тагъд фæзын. Цыфæнды уынгæджы куы фæуон, Мæ цард дæ фæндтимæ бæттын. Нæ вæййы адæймаг хæрз иунæг, Куы зона искæмæй рæвдыд! Æппын дæхи куы ничи зона, Уæддæр ды барæвдау — мæгуыр, Фæкæсинаг, йе сидзæр, Кæуыл нæ аххæссыди хур... 4' 4 -&
# /Й^Ь* #(^ ^ МÆ ХÆЛАР Плиты Олегæн Кæм дæ, мæ хæлар, аккой кæн дæ «хæдзар» Æмæ та, цæй, Ирыстонмæ æрцу. Кæдæй нырмæ мын иу бахъырнæг нал и Æмæ мæ уд дæр зарæгæй фæцух. Нæ æмбæрстон, кæй уыдтæ ды мæ хистæр, Дæхи нæ кодтай никæмæй уæлдæр. Хуымæтæг уыдтæ, сабийау. Дæ фæстæ Фæкъахыр ысты зæрдæтæ, æгæр. Кæд уый æнхъæл дæ хæлæрттæн нæ уыдтæ, Фæсхохæй дæм куы фехситт кодта Барæг, Æвиппады цæуыныл уæд фæдæ... Æрæджиау ма дæ баййæфта нæ хъарæг... О, байрæджы, нæй раздахæн дæуæн. Хаджеимæ уын иу бæх дæр æгæр у, Æмæ уæ рогæн цъуппытыл хæсдзæн. Феййафыы уæ, гыццыл ма мæм фæлæуут. Куыд хорз-иу уыд, куы зарыдыстæм иумæ, Куыд сидзæр дæн æнæ сымах, мæ бон... % 5 &
^ #^* #(^ & ФÆС «ГАМЛЕТ» Дзудцаты Тамерлансен Нæ алкæйы дæр уаллæттæ хæрдзысты, Рæсугъд, сахъат æмæ фыдуындæй, Ничи баззад ам нырма... Сыгъдæг, æнæаипп, фæлитой, кæнæ лæгмар — Мах ингæны раз иууылдæр æмбар. Мæгуыр, гæвзыкк, кæнæ бынтон хъæздыг — Нæ алкæмæн йæ кæрон у æлыг. Стæм ингæны был, афтæмæй Нæ уынæм, цы нæм кæсы Æмæ нæ иу — цъаммар, У иннæ давæг, аннæ та — хæлар Æппæт адæмæн. Диссаг у нæ цард. Бæрзонд у арв — æххæссы йæм нæ уарзт! Фæлæ нæ фыдæх, н’ аиппытæ мах, Фæстæмæ уырдæм, ингæнмæ æркæнынц. Циу цард? Хуымæтæг фарс Æмæ йæ чи æрымысыд, Хуыцау? — Нæ мæ фæнды дæ хъазæн хъул уæвын, Мæ къæйных мын дæ хорзæхæй ныббар, Кæд нæ, уæд та дæлдзæхмæ дæр ныххау, Уæддæр ныууадз чындзытæй хъазт мæнимæ! *^г 6 ~|1
^ #|К^ #^ ^ БИБО Отеллойы хъыг бахсыдта мæ зæрдæ, Чермены æфхæрд басыгьта мæ риу, Эдипы мастæй бакуырм дæн бынтондæр, Мæхи æнкъарæн сурæттимæ сиу. Æз зонын уарзын, фæлæ зонын маст дæр. Æз базыдтон рæвдыд æмæ æфхæрд. Мæн чидæртæ Хуыцæуттимæ дæр барстой, Кæмæн та уыд мæ сонт рæдыд æгъгъæд. Чи цин кодта мæ уæлахизтыл, хорзыл, Чи агуырдта мæ къахдзæфтæм быцæу. Уæддæр мæ сыгъдæг удæй зонын, Мæ сурæттæм мын нæй æрхæссæн фау. Мæ фæлгонцтæ мæ бадомдтой... Мæ цардæй куы нæ у раппæлын мæ бон. Уæддæр уыдтæн хуыздæр амондæй хайджын, Æмæ цæугæйæ нæй мæнмæ фæсмон. 4" 7 #
■^ #|8^ #^ ) КУЫДЗ Куы — æххормаг, куы — ’фсæст, Горæттæ, хъæутыл цæуын. Чи мæ бауадзы ’хсæв, Чи лæдзæгæй тæры. Иу хицау к’ уаид мæнæн, Уаин сыгьдæг æмæ ’фсæст, Уаид мæхицæн лыстæн, Нал тæрсид надæй мæ цæст. Чи мын æппары къæбæр, Чи та дзидзаимæ стæг. Чи мын æрсæрфы мæ сæр, Чи та — ныццæвы æвзæр. Арвыстон уынгты мæ цард, Фæндагыл азгъæлд мæ фист. Нал баззад дзыхы дæндаг, Ахъардта ме уæнгты рисс. Цас мæ æфхæрæг уыди, Уыйас зæрдæхæлардæр. Ме рагъыл надæй цы и, Маст мæм нæ сæвзæрд уæддæр. % 8 ~|И
Куыдзмæ лæдзæгæй æвзид, Уый уæд дæндагæй хæцы, Батилын сæм æз къæдзил Æмæ рæвдаугæ кæсын. Ма мын æппарут стæг, Нал мыл дæндаг и нал цæст. У ныр мæ адзал хæстæг, Исын мæ къодах фæсвæд. УЫГ Ды æртахтæ сау хъæдæй мæнмæ, Ме ’фхæрд уды барæвдауынмæ. Бæласæй куы æрзындтæ бынмæ, Уæд мæнæн хæрзæмбæлæг фæдæ. Знон æрдуйыл нал хæцыд мæ уд, Абон та æз цин кæнын дæуыл. Хъæды хъæбул — хъулон, дзыгьуыр уыг, Ды мæнæн цæрыны ныфс фæу. Щ 9 #
^ ща^ #^ ^ ДИДИНÆГ Куыд рæсугъд дæн, куыд диссаг, æвæдза, Мæн хуызæн гуырд нæма уыди зæххыл. Ныхъхъал мæ вæййынц быдыртæ, кæс-ма, Куыд рæсугъд зары цæугæдон мæныл. Дæтты мæнæн хæххон дымгæ йæ уарзт, Æхсæвæй-бонæй узæлы мæныл. Кæны мæнмæ сæууон хуры тын тагьд, Йæ хæдфæдыл мæм мыдыбындз тæхы. О, фехъусут, æз — се ’ппæтæй хуыздæр! Мæн уарзынц, мæн рæвдауынц иууылдæр, Мæн хуызæн рæсугъд никуы ис æндæр, Мæнау рæсугьд тæф ничи ыскæндзæн. О, диссæгтæ! Æрзæбул и мæ сæр, Фæбур ызноны хъалгæнæн сыфтæр. Тынæй, бындзæй — ныууагьтой мæ дзæгъæл. У уазал, ихау, дымгæйы æвнæлд. % 10 ^
ХÆДЗАР Мæн арæзтой дыууæ уарзон уды, Сæ цинтæ æмæ амонд ардæм хастой, Амадтой рæвдаугæ уырзтæй дурыл дур, Фæйнæг фæйнæгыл цингæнгæйæ барстой. Мæ къулты цæнд йæ бæрзондмæ фæцыд, Мæ цъæх сæртæй ысфидыдта нæ уынг. Мæ рудзгуытæй мæ мидбылхудт фæзынд, Мæ гом дуарæн уыд мидæмæ йæ хуынд. Хæдзар у къона, амонды артдзæст. Æз дæр сæ цинæй алы къуымæй худтæн. Куы-иу айхъуыст мæ уатæй ноггуырды цъæхахст, Уæд ма-иу æз зæххон хæдзар кæм уыдтæн! Зымæг мæ пецы бацагайы арт, Йæ хъармæй уазæг, бинонтæ сты тавд. Æнтæф бон та сын у мæ сатæг фаг. Къæвда бон ирвæзт бинонтæ, фæндаггонæн бынат. Сæ уынæр æмæ фезмæлдæй куыд амондджын, хъæздыг Уыд алы фæйнæг, алы дур. Ныр та ма кæс: æдзард. Куыд хъомыл кодтой сабитæ, фæцыдысты дæрдты, Сæ ныййарджытæй иуæн дæр нæ бавæрдтой йæ мард. ^г 11 #
Дыууæ зæронды радыгай фæцыдысты тæргай. Нæ сых сæ кадæн бавæрдтой, фæкодтой сын æгъдау. Мæнæн дæр ууыл ахицæн, мæ цин, мæ царды хай. Мæ рудзгуытæ мын бахостой, æрæхгæдтой мæ дуар. Ныр дæн дзæгъæл, æнæхицау, фæлæ уæддæр - хæдзар, Æрызгъæлдзæни сабыргай мæ къулты сæрст, мæ цар. Мæ фыны та: ис пецы арт, мæ уæттæ райдзаст, хъарм, Мæ рудзгуытæй та худы цард, æмæ та гом мæ дуар. Тæхуды, æмæ искуыцæй, куы фæзынид бæлццон, Мæхи хуызæн æнæхицау æмæ дзæгъæл бынтон... 4 12 -&
^ ЩЩ,^ #(& 71 МÆ ГЫЦЦЫЛ ИР Мæ гыццыл Ир, дæ цæрайæ цæрын. Дæ рыст — мæ рыст, дæ цин та у мæ цин. Æдзухдæр мæ дæ хорздзинад фæнды, Мыггагмæ дæр дæ урс хæхтæм кæсин. Ирон дæн æз, ирыстойнаг, æмæ сæрыстыр дæн, Кæй дæн аланты байзæддаг, кæй сын хæссын сæ фарн. Ирон ныхас куы нæ хъусон, мæхимидæг тыхсын. Ирыстоны цытæ цæуы, æз дардæй дæр фæрсын. Æз не ’фсæдын дæ зарджытæй, дæ фæндыры цагъдæй. Ирон куывдæй мын адджындæр дунейы динтæй нæй. Дæ Терчы уад мæ зæрдæйæн æхцондзинад хæссы, Йæ уылæнтæм кæсынæй дæр æз никуы бафсæдын. Мæ гыццыл Ир, дæ цæрайæ цæрын. Дæ рыст — мæ рыст, дæ цин та у мæ цин. Цæрын дæр мæ æрмæстдæр ам фæнды, Мæлын дæр æз дæ зæххыл бакомин. ^ 13 #
^ Щ^^ #(^ ^ КЪОСТА ÆМÆ АННÆ 1 Ды Аннæмæ куыд фæкуывтай, Цыма уыди дæ зæд, Фæлæ дæуæй куыд дард уыди, Лыгъди дæуæй уый дард. Нæ бамбæрста поэты уый Æмæ дæ судзгæ уарзт. Дæуæн та сыгъд дæ сонт зæрдæ, Дæ зонд дæ уарзтæй тад. Дæ цард уыди дæ адæмæн, Сæрибарæн нывонд. Куыд нæ федтой йæ цæстытæ, Куыд нæ бамбæрста зонд!.. Ды цардаис йæ рæвдыдæй, Дæ адæмы хæрзтæн. Ды цардаис йæ рæвдыдæй, Дæ ног æмдзæвгæтæн. 2 Къоста, Къоста, фæсмон ыл фæкæнай. Рæвдыд нæ федтай, бадомдта дæ маст. Къоста, Къоста, æнустæм нын цæрай, Мах демæ мысæм Аннæйы, дæ уарзт. Æнамонд дæ, æрдхæрæны Къоста. Дæ уарзтæй абон сомы мах кæнæм. Ды амондджын дæ, амондджын, Къоста, Нæ уарзæттæн дæ уацмыстæ кæсæм. 4" 14 ^
$ *н** #4* ^ БÆЛАСЫ ФÆСМОН Хуры тынтæ мыл цинтæ, Рæвдауæнтæ систой. Боны хъарммæ мæ къабæзтæ Цингæнгæ систон. Уалдзæг, бауырныдта мæ Дæ уарзт, æмæ иу бон Бацагайдта мæ уидæгтæй цард — мæ исбон. Амонд анхъæвзт мæ къабæзты, Дидин калынмæ фесты. Уæд æркодтон чындз-дарæстæ, Фæлæ амондджын не сты... Дымгæ сагьуыд, хур бамбæхстой Уæд фыдбоны сау мигътæ. Æз мæ уарзоны нал уынын, Мæн та аууæрстой миттæ. Ныр мæ дидин ызгъæлдзæни, Цард нæ ратдзынæн дыргъæн. Ныр мæ уалдзæг куыд фæмæнг и, Уымæн адæм æвдисæн. Æз ныридæгæн уарзтæй Мæ мондæгтæ систон, Нал мæ уырны, кæй уарздзынæн Æз ма афтæ тынг искæд... -ЗЙ 15 "$-
Щ^-^: Щ$* т#; ХАНТЫ ЦАГЪДМÆ Нæ балхæнæн, нæ басæттæн ис уарзтæн. Хуыцауæй махæн — диссаджы лæвар. Фæхъæстæ дæ йæ цин æмæ йæ мастæй, Паддзах дæ уæд, фæлæ уæддæр — цагъар. * * * Бонтæ мыстытæ ахордтой Æмæ атади сæрд. Донласт, тар æмæ уазалæй, Курæм хурæй æфсæст. Август 2003 % 16 -#:
^ #|М- #(^ ^ ÆМГАРЫ ХЪЫГ Боциты Сослансен 1 Мæ уд æнцой нæ ары... Цы бæллæх мæм кæсы? Æмдзæвгæтыл фæлварын, Уæддæр нæ ирхæфсын. Мæ уд цыдæр æмбары, Мæ зонд æм не ’ххæссы... Кæсын бæргæ хорз уаид, Фæлæ цытæ кæсын? Куы ницы сын æмбарын, Мæ хъуыды дард фæлыгъд. Цы нæ куыстыл фæлварын, Мæ къухтæ не ’ххæссынц... 2 Уыд хъæргæнæг, Райсом æвæрынц... Ныр æрцыди бæрæг, Зæрдæ къултыл цæмæ фæхоста. ^ 17 $>
— Уый дæуыл уыд йæ мæт, О æнамонд, Тæргай фæлыгьдтæ, Ды дæ мадмæ мæрдтæм, Афтæ дард нæ Цæмæн фæцыдтæ, Фаг нæ уарзтам кæд дæу?.. 25 февраль 2004 аз <$' 18 4г
#1 ’У^ЬФ #^ -# ÆМГАР Макуы бавзарут Æмгарæн йæ зын, Фæлæ йæ цинтыл Куыд кæнат-иу цин, Уыцы амонд у Хуыцауæй лæвæрд, Хайджын дзы алчи фæуæд! Ме ’мгæртты та мæ Æрбамбырд фæнды Æмæ сæ агурын Алы рæтты. Хъуамæ сæ мачи Фæзивæг кæна, Йе ’мгæртты уындмæ бæлла. Базонын дардмæ Мæ æмгары рыст, Нал вæййы уагыл Мæ зæрдæйы куыст... Фæлæ йæ циныл Куы бацин кæнын, Амондджын уæд æз вæййын. Цæй, мæ хорз æмгар, кæм дæ? Рагæй та нал федтон дæу. Рацу, фæбадæм фæрнæй Æмæ фæзарæм хъæрæй. Щ 19 "4^
-^ #|8,# Щ0* щ ÆРÆДЖИАУЫ УАРЗТ! Уарзын дæ. Кæд ма ис ууыл баууæндæн. Уарзын дæ. Кæд уымæн ис уæвæн. Сусæгæй дæ цъæх цæстытæм бакæсын. Амбæхсынц. Фæтæрсынц мæ. Цæмæн? Ма мæ тæрс. Æз царды арты басыгьдтæн. Зонын æз ныр алцæмæн дæр аргъ. Баууæнд мыл. Дæ цъæх цæстытæ ма æмбæхс. Иууылдæр дæуæн дæттын мæ цард. Амондæн. Кæд ма ис ууыл баууæндæн. Амондæн. Кæд ма йын ис уæвæн. Ратдзынæн æз иууылдæр мæ хъарутæ, Ратдзынæн мæ амондæн, дæуæн. & 20 ~|1
# #{Ь* #^ ^ МАДЫ АМОНД Цард, цы у, уымæй Æппæтæйдæр дугъ у. Мадæн йæ амонд, Йæ хъыг дæр — хъæбул у. Алчи уæд мады фæндиаг. Знон дæ нæ равдæлди, Абон нæ бантыст Æмæ та баззад Æбæрæгæй мад. Абон æнæмæнгæй Ацу дæ мадмæ, Дард цæры æви хæстæг. Барæвдау, баузæл Абон дæ мадыл. Чи зоны, нал уыдзæн, Уымæн рæстæг. Мады фæлмæн къухтæ Авæр дæ рустыл Æмæ сын радыгай Батæ фæкæн. Ма-иу фæтæргай у Мадæн йæ бустыл, Адджынæн мысдзынæ Уыдон кæддæр. Щ- 21 -^
Науæд кæд баззадтæ Сидзæр дæ мадæй, Ссудз уæд йæ номыл цырагъ. Бацу йæ ингæнмæ, Къухтæ йыл авæр, Дидинджытæ йыл æркал. ^р|~ 22 "^ч
^ Щфь^ #(^ ^ ЗАМИРÆТ Кæйдæр хъæугæрон Уæлмæрдты кæрон Æнæхицауæй баззади Дæ ингæн. Нæ зæгъдзæн ничи: Къух ыл авæрон... Нæ хæсдзæн ничи Дидинджытæ уырдæм. ЭПИТАФИ Ныр мæм куыд ирдæй зыны цард. Фæлæ куыд дард, куыд дард!.. Мæ ахсджиаг бинонтæ — зынаргъ, Фæлæ æз — нал, æз — нал. Мæн чи уарзта æмæ кæуы, Ныххатыр кæн, ныббар. Мæ бинонтæ, цыппар æфхæрд уды, Мæ уд уын фестæд цард. Щ 23 ~&
-^ Щ^-ф #(^ ^ * * * Никæй бынатмæ бæллыи, Никæй дзыпмæ кæсын. Амондджын вæййын æрмæст, Иу бон куы нæ зонын рыст. Мачи мын зонæд мæ тыхст, Ма мын тæригьæд кæнæд, Фæлæ мæ мачи ’фхæрæд, Хъал ныхас ма мæм уæндæд. Чи уæ нæ базыдта рисс, Чи уæ æнцонæй цæры, У( алыварс зонут кæсын, Макæмæн ыскæнат зын. Никæмæ кæнын хæлæг, Хорздзинад уарзы мæ цæст, Алчи йæхи фæндиаг уæд Æмæ дзæбæхæй цæрæд. Не ’ппæты фаг дæр у хур Æмæ йæм тавут уæхи. Чи тæрсы: давынц йæ хай, Уый дзы куы сайы йæхи. ^- 24 *&
^ #{8к* #(^ т^ ХАЛÆТТÆ Халæттæ быдыры сæрмæ ныззилынц, Азæлы сау кафты, сау цины зард. Быдырæй хъæдастæу цъиутæн сæ куывды фынг, Халæттæн холыйаг абон мæ мард. Зонын, лæджыфыд сæм арæх нæ æрхауы, Чи мæ цас атона, уыйбæрц йæ рад. Уыдонæн циндзинад радта мæ æдзæллаг... Фæлæ куыд кæудзæн, дзыназдзæн мæ мад... ÆНÆ ХУР Цымæ цы диссаг уа ай? Хур нæ куы фæлыгъд тæргай. Ме уæнгтæ голлаг зыгуым, Райсомæй нал комынц стын. Кувæм ма хурмæ, бæргæ, Сæфæм йæ уындмæ бæлгæ. Алчи нæ бафæллад фаг, Стæм цыма иууыл — фæснад. Щ~ 25 '4^
^ Щфь^ Щ& ^ МÆ ЗЫНГХУЫСТ ХО ФАТИМÆЙÆН Æз уыдтæн уæ хур æмæ уæ цин. Аныгуылд уæ хур, фæмæнг уæ цин. Ма кæут, уæлæрвтыл дæн æхсин, Ардыгæй уæм хуримæ кæсын. АЦЫ АЗ ДÆ АЗ У, БИРÆ ДЫН БАНТЫСДЗÆН (цигайнаджы фарстсей) Куыд рæсугъд дæ асайдта цигайнаг... Дæ цæхæр цæстытыл ма бандзæрста арт. Дæ цæрдæг уæнгтыл та басагъта базыртæ... О, куыд мæгуыр у адæймаг, Амондæн ын — ныфсытæ дæр фаг... Радта дын сæ, дæ адзал куы базыдта... Бузныг, арфæйаг цигайнаг. Февраль 2003 аз % 26 -^
щф^1^ ^(^* ОХХАЙ, КÆМ ДÆ? Алчи йæ уарзоны уындæй цæры. Фæлæ кæд уымæн дæр амонд хъæуы. Къæсæрæй хизгæйæ скувын бæргæ, Фæлæ нæ сæмбæлæм, оххай, кæм дæ? Дардмæ кæмæ бæллын — иунæг ды дæ. Хай мæ дæ уындæй куы уаид уæддæр. Бонтæ фæнымаин, стæй та мæйтæ, Афæдзтæ бавæййынц, оххай, кæм дæ? Халоны базыр нæ бамбæрздзæн хур. Арвæй та никуы æрхаудзæни дур. Курын дæ æмæ дæхиуыл æрхуд Æмæ мæ риуы æрцæра мæ уд. | 27 ^
^ #|К^ #(^ # ХУЫБЕЦТЫ ЮРÆ (фæмард Афганистаны) Ацыдтæн, æфсæддон балцы ацыдтæн. О мæ мад, фæстæмæ дæм куы не ’рцыдтæн. Ме ’мгæрттæм мæ ныййарæг куыд фæкæсдзæн, Хъæлдзæгæй куы сыздæхой сæ хæдзæрттæм... Сау нæмыг мæ фæтæн риуыл сæмбæлди, Уымæл цард æнæуынон кæд нæ уыди. Дидинæг мæ цæстытыл æрхæцыди Æмæ мыл йæ цæстытысыг сæмбæлди. О чызгай, хатыр дæр дæ нæ ракуырдтон, Сау мæрмæ мæ зæгъинæгтæ ахастон. Баззади мæ уарзондзинад сусæгæй, Дидинæг дæм худдзæни мæ ингæнæй. Октябрь 1985 аз <% 28 ^
^ #|8^ #^^ цъити О куыд рæсугъд уыди цъити, Айдæнау ыл хъазыд хур Уый æнхъæл нæ уыди ничи, Æмæ разындзæни дур. Айнæг дур æрхауди арвæй Æмæ бабын кодта ком. Байста дуне адæм цардæй, Баззад ма æрмæст сæ ном. Цæссыг нал комы æмбæхсын, Уды нал фæнды цæрын, Къухтæ ницæмæ æххæссынц, Хъуысы цъитийы нæрын. Зонын, нал уæ равдæлд тасмæ, Æз уæ бæсты ныр тæрсын. Уыцы хъуыды зондæн мает у, О куыд цæрæм дарддæр ныр? Чи йæ сабиты рæвдаудзæн, Чи йæ хистæртæн — лæггад. Ут æнæфыдбылыз, адæм, Æмæ уæд уæлахиз цард! Сентябрь 2002 аз % 29 ^
#. #^* #(^ >|: * * * Цины æмдзæвгæтæ нал гуырынц риуы, Амонды зарджытæ нал кæнæм мах. Оххай, кæдмæ уыдзæн ацы уæз Ирыл Æмæ кæд нал цæрдзæн зæрдæйы маст? Цал æмæ цал уды ахордта цъити, Цал мæгуыр къонайæн ахуыссыд с’ арт? Ног та ныдздзыназæм: гье-мардзæ, исчи! Фæлæ Хуыцауы дæр нал хъæуæм мах. Нал ысты уарзон кæрæдзийæн адæм, Ферох нæ раджы Къостайы фæдзæхст. Зæхх та нæ мад у, кæрæдзийы марæм, Уымæн нæ быхсы, кæны нæ хæрзсæфт. Сентябрь 2002 аз % 30 ^
#, #(&4Ь #(^ ^ ЦЫ МА КÆНОН? Фæззæджы сыфтæртæ азгъæлынц, Мæргътæ та хъарм бæстæм атæхынц. Дуне куыд афтид, куыд мæгуыр у, Афтæ у сидзæр мæ уд. Уалдзæджы уарзтон мæ уды йас, Нал цыди риуы мæ уарзт, мæ цин. Уалдзæджы уарзтон, уалдзæджы уарзтон, Фæззæг мын байста мæ уарзт. Дуне куы сбæгънæг, куы равдæлон — Фестадтæн ам æз æцæгæлон. Фæззæджы мастæй цы ма фæуон, Зæрдæйы рыстæн цы ма кæнон? ’ЗЙ 31 #-
# *Ц&* #г^ ^ УАЛДЗÆДЖЫ ЦИН Мæхъиты Русланæн Дидинæгкалгæ уалдзæг Циндзинад тауы бæстыл. Цъиутæ æрхастой уалдзæг, Ирмæ сæ базыртыл. Уалдзæджы цин нæ уарзтон, Уалдзæджы цинæй тыхстæн. Уарзыс мæ — уый нæ зыдтон Æмæ æнкъард уыдтæн. Уалдзæг нын амонд æрхаста, Уалдзæджы баиу нæ цард. Дидинæграйхæлд уалдзæг, Райхæлд нæ сусæг уарзт. Уалдзæджы цинæй зарын, Амондæй хайджын дæн. Рагæй цы чызджы уарзын, Уыцы чызг уарзы мæн. Щ^ 32 ~щк
# Щь^ #(^ 1 ИРОН КАФТЫ НЫУУАГЪТОН УЫН МÆ УД... Соппойты Батырбегæн Батырбегæн куыд ыссарон йæ ном. Æз ууыл ныр мæхимидæг ыстыхстæн. Фæлæ мæм дзуры уый цыма æргом, Гъе, афтæ йын йæхи дзырдмæ æрхъуыстон: — Мæ цард уыди мæ адæмæн нывонд. Фыдыбæсты сæрибарыл хæцыдтæн. Уæлахизы цин асырдта мæ цæфты рыст, Мæ къахфындзтыл ирон симды æрсимдтон. Хуыцауæй мæ хуыздæр амонд нæ хъуыд, Мæ аив кафтæн фемдзæгъд кодтой адæм. Ирон кафты ныууагътон уын мæ уд. Кæд абон уе ’хсæн, Иры дзыллæ, нал дæн. Æцæгæй дæр уыд амондджын йæ цард. Ныр æй æдзухдæр рухс зæрдæйæ мысын, Куы фенын æз ирон лæппуты кафт, Уæд цыма æз Батырбеджы фæуынын. 2 Заказ № 1641 *^г 33 ^
^ #{Ь# #(^ 1 СÆФТ УАРЗТ Зæрдæйæ фæлыгьди уарзт. Нал æм хъары риссаг. Нал æмбары цин, йе маст. Нал æнкъары, диссаг... О куыд ма цæудзæни цард? Нæ æгас, нæ мард дæн. Уымæй ма фыддæр цы уа, Иутæй дæр куы нал дæн. Зæрдæйæ фæлыгъди уарзт. Риу у уазал, афтид. Цæстытæн мынæг сæ каст, Цины мур сæ нал и. Зæрдæйæ фæлыгъди уарзт, Ныр æфхæрд зæронд у. Знон дæр ма дзы хъазыд цард, Ныр фæци фæсмонгонд. 4" 34 |1
$ Щь * #<4^ Ц ДЫЗÆРДЫГДЗИНАД Равдæлон дæн мæ уарзтæй, Нал мæ тавы, нал цард. Афтæ тынг æз кæй уарзтон, Уый куы разынд мæнгард. Уый æндæр хур куы тавы, Уый æндæрæн цæры. Ныр йæ зарджытæ уымæн Æмæ ууыл кæны. Нæй мыггагмæ кæд уарзæн, Уæд кæй хъæуы йæ сайд? Абон зары æндæрæн, Уыд мæныл дæр йæ зард. О мæ уды тæригъæд, Ма ныббарæд Хуыцау. Æз нæ уыдзынæн иунæг, Æз сывæллæтты мад. ■Щ 35 14^
# #|К^ #г^ ф МАДМÆ! Нæ уыдтæн та нæхимæ Æнæхъæн къуыри раст. Æнкъард кæныс æнæ мæн, Мæнмæ та у дæ каст. Мæхæдæг цыма афæдз Нæ уыдтæн хъæуы ныр, Мæ бæттæнтæ дæм тонын, Æнкъард та дыл кæнын. Мæ цæстытыл фæуайы: Куы æрцæуон хъæумæ, Дæ хъæбысы кæндзынæ, Рæвдаудзынæ та мæн. Æрмæстдæр у нæхимæ, Мæ размæ рауай цырд, Гъе, уый мæнæн мæ амонд, Дæуæн мæ хуыздæр куывд. Æнæ дæу хæдзар афтид, Æнæ дæу циу мæ цард? Дæуимæ æз тыхджын дæн, Мæ царддæттæг, мæ мад. 4" 36 -&
^ #(&« #(^ ^ ХЪÆБУЛМÆ! Искуы мæм куы ысдзурай фæстæмæ, Нал мæ хъæудзæн уыцы бон мæ цард. Ды мæнæн мæ зæрдæйы лæууæн дæ, Фæлæ дуне рагæй у мæнгард. Искæд бон куы не ’мбарай мæ ныхас, Æмæ йын куы не скæнай ды аргъ, Уæд мæнæй нæ уыдзæнис мæгуырдæр, Ингæнмæ дæуæй кæндзынæн тагъд. Бахъахъхъæ дæ сыгъдæг уд рæдыдæй. Макуы скæн дæ уарзаг мадæн маст, Уæд мæнæй нæ уыдзæнис хъæздыгдæр, Уæд уыдзынæн амондджындæр мад. ^ 37 -ф.
#. #^ #(#^ ^ АИВАД! О аивад! Ды дæ мæнæн мæ дин. Нæхи Къоста æмæ Шекспирмæ кувын. Дæ кувæндоны æз лæггад кæнин, Цъагьары куысты н’ ауæрдин мæ удыл. Æмæ хæссы кæд амонды хай дин, Рæсугъд хъизæмар зæрдæйыл æфтауы, Уæд иууылдæр нывонд кæнын мæхи, Кæд дзы мæнмæ дæр исты бынат хауы... Кæд рантысдзæн мæ хъизæмар, мæ уарзт Рæсугъд фæлгонцты, аивады æууæлты, Уыдзысты уæд мæ адæмæн лæвар, Мæ уд дæр сын æрхæсдзынæн нывондæн. ^ 38 ||>
-ф #|&^ #^ ^ ЭТЮД Хур райдзаст бахудт, Мит фелвæста малусæг. Ууыл мит атад. Æмæ разынди зæххы буар. Зæххæй рантыст цъæх кæрдæг. Цъиутæм басидт æхсæрдзæн. Æмæ фегом и арвы дуар, Арвы цъæхад ныйирд и. Цъиуты зарæгмæ Бæласыл къуыбар ныннæрсти, Къуыбар аскъуыд. Æмæ разынди сыфтæр. Цард мæлæтыл уæлахиз у Æмæ зымæджы уалдзæг Кæддæриддæр ивдзæн. # 39 -&
^ #|&* #(^ 1^ АЛАН Цыма фыны федтон дæу: Ды рæсугьд æмæ хæрзконд. Нæй дæ хуызæн ацы зæххыл, Дæ, æвæццæгæн, æрвон. Къухтæ ивазын дæумæ, Фæлæ ды кæй дæ, кæм дæ? Ма фæсай мæнæн мæ сæнттæ Æмæ аивдæр фæндтæ. Нал зонын æхсæв, йе бон, Хуыссæг мæ фæлыгьд бынтон, Агурын æнцой мæхицæн Æмæ сагъæстæн кæрон. Ды хæстæг дæ, æви дард, Дæ уæддæр мæ иунæг уарзт. Æз æдзух дæуæн фæкувын, Демæ дæн æнустæм баст. <$г 40 -^
#|КГ^ $^ 1 АВДÆНЫ ЗАРÆГ Наташæйæн Ацы æхсæв дард Алыгьди дæ фын. Аргъæутты бæстæ Махимæ фæхыл. Афынæй кæн, цæй, О мæ гыццыл уд. Тагъддæр мын цæмæй Айрæзай фæрнæй. Зарджытæ кæнын, Æз дæуæн, мæ чызг, Хъæбысы фæлмæн Аузын дæ тынг. Бангæстæ ис бон. Æхсæв уыд зындон. Нал кæуыс, мæ бон, Бастадтæ бынтон. Щ- 41 ’^
^ *ц&* #^ ^ КУЫВД Ныббар, ныххатыр кæн, Хуыцау! Кæд нал ис аххосджындæр махæй, Уæддæр нын ды, Хуыцау, ныббар, Æмæ нæ бахиз ды фыддзагъдæй. Нæ Иры афтæ уыдзæн ныр: Кæндзыстæм зарджытæ иронау, Нæ авдæнтæ узгæйæ мах Æмæ нæ уыдзыстæм фæсмойнаг. Уыдзæн нæ Иры фарнæй хай, Кæндзыстæм хъарæг мах нæ мæрдтыл. Нæ уыдзæн махмæ иу уæлдай, Нæ дихтæ кæндзыстæм нæ кæмттыл. О курын, раздæх нæм, Хуыцау! Дæ хорз цæст ныл æрæвæр, гормон, Аланты байзæддæгтæ Ир, Æрхудтысты сæхиуыл абон. Уæд та мын ратт адзал фыццаг, Æз хъуамæ ма фенон фыдбæллæх. Цæмæн ма у мæнæн мæ цард, Куы зонон, нал хъæуы нæ зæнæг. Ныббар, ныххатыр кæн, Хуыцау! # 42 Щ,
^ Щь& ##- КУЫВД ÆРДИАДЖЫ КЪУЛЫ РАЗ! Ацы къулмæ цæуынц Кæугæ, ниугæ, кувгæйæ. Æз æрцыдтæн кæцæй кæдæм Æмæ кувынæн дæр нæ дæн. Айрох мæ ис цы дæн, кæм дæн. Цæссыг рустыл æваст æруад, Фегом зæрдæйы дуар: О Чырысти, кæнын лæгъстæ, Бахъахъхъæ мын мæ гыццыл Ир, Сабитæ æмæ мад. Бирæ хæрзтæ нæ курын, Ратт æнæмаст, æнæниз цард. Иерусалим, 1999 аз %- 43 #
# #|К^ #(^ ^ «ДÆ МАРД ФЕСÆФА...» Бигъаты Толикæн Ирон æлгъыст куыд баййæфта дæ сæр. Æвæццæгæн нæ уыд дæуæй хуыздæр Æмæ сæ цæст нæ бауарзта... Дæу хуызæн уыди æрмæст, Тлаттатæм Чермен. Æмæ уæ хъысмæт рауади æмхуызон. Дæумæ дæр комкоммæ нæ Бацаддаид лæг, Куы нæ дæ асайдтаид хъулгъон, Дæ сыджытыл куы сæмбæлис, уæддæр... Уæд ньш, бæгуы, фæуыдзæни æнцондæр. Хуыцау сын ма ныббарæд дæу... Дæ зард мæ хъустыл уайы ма ныр дæр, Дæ хъазт «Чермены» цæстытæй нæ хизы... Уæддæр куыд уыди амарæн дæуæн? Æви æгас дæ? Иууылдæр нырризын. 1993 аз * * * Кæм дæ, мæ амонд? Фехситт кæн дæ бæхмæ Æмæ æрбалæуу, Курын дæ, фæкæс мæм... % 44 ^
#^ ща* #1^ ^ УАРЗТ Мæ хуыссæг дæр нал у мæ бар. Мæ фынтæ — фыдфынтæ. Ныббар! Фæлæ дæ мæ зæрдæ куы ссау, Ныууадз мæ, ныууадз мæ фæлтау. Æхсайы мæ зæрдæ дæумæ, Нæ зонын цы фæдæ, кæм дæ? Куы дæ ферох кæнин, бæргæ, Нæ мæм коммæ кæсы зæрдæ. ХÆХБÆСТÆ! Дымгæ иннæрдæм буары ахизы, Хур куы ракæсы, зæрдæ батавы. Æз дæ тæргæйттæн бæргæ бабыхсин, Уазал дымгæтæн дæр ныффæразин. Æз дæ уындæй дæр никуы бафсæдын, Æз дæ донæй дæр фаг нæ бануазын. О куыд адджын дæ ды, мæ хæхбæстæ, Æз куыд амондджын дæн дæумæ кæсгæ. Лæц 1997 аз % 45 #
^ #|К^ #(^ ХЪЫСМÆТ! Æрра куыдзау мæ Алырдæм цы тоныс, Цы мæ бахæрай, Уый дæр мæ куы нæй. Мæ мæгуыр стджытæй Баддзæн иу дæ хъуыры, Куы не ссарай Ды цардхуыздæр мæнæй. Ныууадз мæ, цæй, Ныридæгæн фæллад дæн Дæ сонт митæй. Быхсын ма дæ зынтæй. Хъысмæт, хъысмæт, Цæмæн фæдæ мæ ныхмæ, Цæуылнæ уыди Фидыдæй цæрæн? % 46 #|1
^ #^#; #^ ^ ФАРН! Фæци мæ зæххы фарнæй хай: Æз царддæттæг сылгоймаг дæн, ныййарæг. Мæ хуылфы райгуырд ног уд, цард, Цы радта уымæй хуыздæр Уарæг... Мæ амонд ныр кæуылты у, Мæ цин куы нал цæуы мæ риуы, Цымæ цы хуызæн уыдзæн уый; Чызг у, лæппу? Уæлдай цы у... Мæнæн фæхъæлдзæг и мæ зарæг, Æз дæн ныридæгæн ныййарæг, Мæ хуылфы райгуырд ног уд, цард Хъæбулæн æз уыдзынæн мад! # # * Мæ фыны дæ куы нæ уынин цымæ, Уæд н’ амæлин дæ фенынмæ бæлгæ? Мæ зарджыты куы нæ арин дæ ном, Уæд мæ цымæ нæ ферох уаис сом? Цымæ уæддæр куы нæ уаис зæххыл, Уæд æз æнæ дæу базонин цæрын? Æвæццæгæн, дæу цæрайæ цæрын, Æндæр дæ худт цæмæн суры мæ зын? Щ 47 #
^ #|8^ #^ * * * Цал æмæ цал азы Кувын Хуыцауау дæумæ. Нæ, ацы мæнг дунейы, Ды дæ хуыцæуттæй уæлдæр. Хаттæн хуыцауыл дæр не ’ууæндын. Зæдтæм ысвæййын тызмæг. Уыйхыгъд дæ сыгъдæг ном мысгæйæ, Зæрдæйы нал вæййы мæт. # * * Стъалытæм нæ сæххæсдзыстæм иумæ, Демæ мæ нæ батавдзæни хур. Ницы нын ис иумæйаг дæуимæ, Ахиз, цæй, мæ фæндагæй, лæппу. * * * Æз хурбон не ссардзынæн аууон. Хъызт уазал не ссардзынæн зынг. Уæд мæ цæмæн рахоныс д’ амонд? Уæд мыл цæмæн калыс цæссыг? % 48 #
#. #|К^ #^ ^ КОЧЫСАТЫ МУХАРБЕГÆН О уыцы худгæ сау дыууæ цæсты, Кæдмæ ма райгæ судздзыстут мæ размæ. Куы уæ бахордта ингæны сыджыт, Уæд цингæнгæ цæмæ кæсут мæ кастмæ. САЙÆГ Рафтыдис мæ зæрдæ мæты, Нал бæззын æппын. Нæ, фæсмон нæ кæнын Мур дæр, Бузныг дын зæгъын. Афоныл дæ цæсгом Раргом, Федтон дын дæ хуыз. О, цыма ныр та Кæй сайыс, Ахсдзæн кæй дæ хыз?... % 49 #
^ #$ь* #^ ^ * * * Ныр цал азы дæ фæливæн ныхæстæй Мæхицæн аразын мæсыг. Æмæ цыма ызмисæй конд у, афтæ Æркæлы, куы йыл æрцæуы тыгьд. Бынтон дзæгъæлы бахæрын мæ уд. Бæргæ куы уаин зондджындæр, Нæ мын зонис мæ рыст... Фæлæ зæххонтæй кæцыйыл нæ æрцæуы рæдыд?.. Ды ногæй-ногмæ бафхæрыс дæ къона, Æз та йын хъахъхъæнын йæ хъарм. Фæлæ уæддæр ды хъуамæ зонай; Нæ хæссын зæрдæйы хæрам. -!д|г 50 -^ич
^ #(&4Е #(^ ^ БÆГЪИАТЫ АЛАН Махæй алчидæр райгуырд цæрынæн Æмæ амондджын к’ уай, Уæд цыбыр æви даргъ уыд дæ цард, Уымæй нал ис уæлдай. О мæ буц хо, мæ фыд æмæ мад, О мæ æмгæртты хай. Курын: ма кæут, ма кæнут Цардмæ тæргай. Цард мæн батавта, сбуц кодта, Фæлæ хъуыры фæбадт. Уый дæр амонд у ’вæццæгæн, Æз нæ базыдтон маст. Мад, фыд, хо æмæ ме ’мгæрттæм Баззад зæрдæйы уарзт. Хус нæ кæндзæн мæ ингæныл Хъулон дидинты баст. Щ 51 -#
^ #|К^ Щ&* Ш БАСТ ЦÆРГÆС Куы фехъусын Тæхгæ маргъы хъæлæс, Æнæрхъуыдыйæ Бацагайы зæрдæ. Фæсонт вæййын Æмæ мæ уæнгты истæй Æркæлы цæссыг, Баст базырты рыстæй. * * * А уалдзæг дæ уарзтмондаг æнгасæй Зæрдæмæ æрвæрттывдау ныккастæ. Сонт зæрдæ куы байдзаг кодтой уарзтæй, Сау цæстытæ. Ма сæ байрай, уастæн. <$г 52 ^
^1 Щ^’Ф #(^ 1$. * * * Мæхицæн адджын Нал кæнын Мæ хъарм хуыссæн. Мæ къæбæр Нал цæуы мæ хъуыры. Кæд баззадысты Сабитæ æнæхуыссæг, Æххормаг æмæ уазалæй. Цæстытыл ауад, Æви уый æцæг уыди: «Ирыстон бабын, Сабитæ æвæгæсæг»... О стыр Хуыцау! Фыдбылызæй нæ бафæдзæхс! 1992 аз % 53 ф
Щфь^ ^(^ кр: КАТАЙ Цыдæр катай мын Бахордта мæ уд. Цымæ цы ’рцыд, Кæцы ран, стæй кæимæ? Кæд исчи агуры Æххуыс, кæнæ рæвдыд Æмæ бæтты Йæ сагъæстæ мæнимæ... Мæ бæлццонæн Нæ фæрæстмæ йæ балц, Кæнæ мæ хъæбулы Фæнды нæхимæ... О не скæнæг! Æнæниз мын сæ уадз, Фыдбылызæй мын у Сæ хизæг! % 54 -А
^ #^^ #(4^ т(Ь АКТЕР Ды кусыс ног роль, ног фæлгонцыл, Тыхсыс, нæ дын уайы цыдæр. Мах нал арæм бынат нæхицæн, Кæныс ныл бустæ ’мæ хъæртæ. Премьерæ — абон. Мæн нæй хонæг, Нæма дæ æндавы дæ куыст. Æз дæр тыхсын, кæсын æнхъæлмæ, Мæ зæрдæ дын зæгъы æнтыст. Мæ фынг цæттæ. Фæлæ цы фæдæ? Дæ цин нæ æрхастай мæнмæ. Дæ рынчын, тухи, тыхст — мæнимæ, Дæ æнтыст, цины та кæм дæ? $Г 55 #
*& #$** #*Ь 1 УЫМÆН РОХ КÆНÆН НÆЙ Телевизормсе ксесгæйæ Уый Мырза у... нæхи Мырзабег... Æмæ хъуыры фæбадт йæ кæуын. Зæххыл мæрдтæ. Се ’мрæнхъ æрлæууыд Æмæ судзаггаг тыхтон райхæлдта... О цы ма федтам зæронд Мырзайæ, Уый æруидзæд йæ бинонтæй, басудзæг. Михтыл сабиты сæртæ бакæнæг, Фенæд йе ’ппæт зæнæджы, афтæмæй. О, æлгъитын бæргæ мын не ’мбæлы. О, æлгъитын бæргæ нæ фидауы. Фæлæ масты дзæкъул дæр аскъуыны Æмæ хъарæг дæр риуы нал цæуы... Черменыхъæу, 1992 аз % 56 ^
^ щ^л #^ ^ УАРЗОНДЗИНАДЫ ЗАРÆГ Æз уарзын. Фæбæллын Æхсæвæй уа бонæй Нæ фембæлдмæ. Дæ цæстыты азым Мæн сайы йæ фæдыл Бæрзонддæрмæ. Фæнды мæ — дæуæн æз Æппæтæй тыхджындæр, Сыгъдæгдæр уон. Дæ æнкъард цæстыты Мæ уарзтæй æрвон арт Куыд ыссудзон. Куы арвыл дæ стъалы, Куы та мын — Хуымæтæджы дидинæг. Мæ уарзтыл æз зарын — Дæуæн фæуæд Амонды фидиуæг. Щ 57 "{$*
^ $4&* ^^ ^ АФОН Алцæмæн дæр ис афон. Бæлас дидинæг калы, Стæй та разынди дыргъ. Уыд гыццыл æмæ цъæх, Стæй срæзыд, ысцæттæ. Мæнæ, айс æй, хæрынæн бæззы. Ацыд дыргъæн йæ афон, Сыфтæр аззади сидзæр, Мæнæ уый дæр фæбур и Æмæ згъæлдæй фæуы. Баззад бæлас бæгънæгæй Æмæ дымгæмæ уазал кæны. Стæй та рауарыд мит, Бæлас бануорста; тавы Æмæ митын хъæццулы Уалдзыгон фынтæ уыны. Мах дæр афтæ куы зониккам Алцæмæн афон, уæд нæ амонд Домбайдæр кæнид. 4' 58 ^
^ щ^^ щ^ ^ ИРОН ФÆНДЫР Хадыхъаты Аллсейæн Нæ базыдтон, хъыгагæн, æз цæгъдын, Фæлæ мæ уд дæ цæгьдтытæн дæттын. Мæ уды рисе ирон фæндыр зæгъы, Мæ цинтæ дæр йæ азæлды хæссы. Дæ алы мыр дæр адджын у мæнæн. Цæгьд мын, цæгъд мын, мæ фыдæлты фæндыр. Мæ рыст мын айсыс, атайы мæ зын. Мæ гыццыл цин дæр демæ у ыстыр! * * * Цымæ æз та цæй монцæн судзын уарзтæй, Нырма рæстмæ куы нæма зонын де ’нгас... Цæй номыл мын мæ рæсугьд фынтæ байстай, Нырма куы нæма фехъуыстон дæ ныхас. 4_ 59 #
^ щфь^ #^ УАЛДЗÆДЖЫ КЪÆСÆРЫЛ Цы ма нæ бавзæрстам, Цы ма нын ис уынинаг? Хуыцау нæ ралгьыста... Цæмæн стæм æлгъыстаг? Æз дардмæ Хуссарыл Куы бахордон мæхи, Уæд ныр мæ къæсæрыл Цæй тугкалæн æрцыд.К. Æхсæв куы нал зонæм Æдæрсгæйæ хуыссын. Кæд ма базондзыстæм Æнæмастæй цæрын? Мæ мад, мæ ныййарæг, Цы ма кæнæм, зæгъ-ма, Цæмæй нæ къонайæн, Нæхицæн тас нæ уа? Цæмæй нæ фидæныл Æууæндгæйæ цæрæм, Цæмæй нæ уалдзæджы Ызмæлдтытæ кæнæм... 1993 аз Щ 60 ^
ГУЫРИАТЫ АЛАНÆН Æрмæст Хуыцау нæ мардта дæу. Æрмæст Хуыцау.. Æндæр дыл нæмгуытæй дзæвгар Куы сæмбæлыд. Æндæр куы бацыдтæ мæрдтæм Дæхи къахæй. Уæд ма куыд сæмбæлдтæ, мæгуыр, Нæхи зæххыл. Уæд ма куыд фæкуыдтай, мæгуыр, Дæ хъæубæстыл. Æмæ дæм уадысты фæдис Дæ бинонтæ. Æмæ сæ нал уырныдтой уæд, Дæ цинтæ дæр. Æрмæст Хуыцау нæ мардта дæу. Æрмæст Хуыцау Æмæ нæм раздæхтæ мæрдтæй хъæбатырау. Хъæбатыр дæ уæдæ цы дæ, Гыццыл Алан. Дæу хуызæттæн мæлæт дæр нæй, Уæлахиз уат! 1992 азы Алан уæззау цæфæй бахауд хъулгъайы къухтæм... "Щ’ 61 "^
^ $4к,* 4М& | МÆМАД Дæ дзулы тæф ауад мæ былтыл, Дæ хæндыгæй рагæй нæй ист. Æрсæтдзынæ хъарм дзул, цæхджын цыхт, Дæ рæвдыдæй уазджытæ хынцт. Дæ цинтæ, дæ фæлмæн хъæбыстæй, Æз амондджын æмæ хъæздыг. Куыд адджын мын сты дæ бустæ, Нæ сæм кæнын гом дæр мæ дзых. Дæуæн ма дæ хъæбул гыццыл у. Æмæ ма мæ ахуыр кæныс, Æз та цума кæнын мæ чызгæн Æмæ дæм æнкъардæй кæсын. Дæ цæсгом бынтондæр æнцъылдтæ, Дæу низтæ нæ уадзынц æнцад, Уæддæр ды хæдзары æфсин дæ, Дæ къухтæ нæ зонынц фæллад. -*|- 62 -ф.
^ #|8^ #(^ ^ АДÆМЫ СÆФТ Быхсæм æппæт, тæрсæм æппæтæй, Нæ цард æгад æмæ æфхæрд. Кæрæдзи нал æмбарæм кæд, Уæд нын хуыздæр уыдзæн мæлæт. Нæ фыдæлтæй фæхæрæм ард Æмæ сæ дзæгъæлы æфхæрæм; Мах раджы фесæфтам нæ кад, Сæ номы аккаг дæр нæ цæрæм. Цы ма нын федтаид знаг Йæ зæрдæйы фæндиаг фыддæрæн. Æфхæрд мах не ’мбарæм, æгад. Йæ ных нæ бакъуырæм æвзæрæн. Цæуæм сæрсæфæн былмæ тагъд, Цыма фыдбылыз мах нæ уынæм. Æви нæ нал æндавы цард, Æмæ хуыздæр амал нæ уыдзæн! Щ 63 #
^ $4&* #^ ^ сындз Уæ цæсты сындз, Уæ удхæссæг æз дæн. Мæ алыварс цы Дидинджытæ зайы, Гъе, уыдоныл куы Бацин кæны цæст, Уæд дзы мæнмæ та Маеты каст æрхауы... Цæмæн равзæрдтæн Ацы фæзы æз, Рæсугъд дидинтæ Хъахъхъæнæг æрмæстдæр? Фæлтау куы уаин Кæрдæгыл æртæх, Мæ ферттывдæй Уæд хуры тынæн Циндзинад æрхæссин... ^ 64 ~|1
^ ^ЦЬ* Щч^ 1 ОСКАР Бабын кæндзынæн мæ бинонты. Ницуал сæм кæсдзæн сæ цард. Зонын æй, бирæ нæ фæцæрдзæн, М’ адзалы фæстæ мæ мад. Ме ’фсымæртæн сæ зæрдæтæ Риуты кæндзысты дур. Зонын, мæ фыдæн йæ мæллæг хъуыр, Нал кæндзæн нозтæй сур. ДЗАБОЛАТЫ ХАЗБИ Хатыр мын-иу фæуæд Мæ хивæнд ми, Хæрам мын ма скæнут Мæ мады риу. 3 Заказ №1641 Щ 65 !§*•
^ ща^ #$* ^ КÆРТЫ БАДÆГ ЗÆРОНД УСТЫТÆН Хъуамæ алцыдæр зонат, Дардмæ алцы уынут. Ам сымахæн уæ бынат, Цыма посты лæуут. Чи кæимæ æрбацыд, Чи кæмæн у, цы у? Ацы кæрты æнæ сымах Арвыл н’ атæхдзæн цъиу. Нæ, сымахæн æндæр куыст Æмæ дзуринаг нæй. Бирæ азты ма афтæ, Ам фæбадут фæрнæй. Фæлæ ма кæнут дам-дум, Стыр Хуыцауæй тæрсут. Алчи дзурæд йæ цардыл, Адджинæгтæ хæрут. ^ ее •$
^ $4&* #^ ^ ИРОН ЧЫЗГ Ирон чызгæн йæ бакаст дæр, Йæ къахайст дæр — æндæр. Йæ ныхас æмæ фезмæлдæй У иннæтæй хуыздæр. Йæ къухты уымæн Фидауы фæндыр, Йæхи фæндиаг Йæ амонд уæд ыстыр. Уый кафын æмæ зарынæй Нæ фæллайдзæни уæд, Куы фæуа хайджын уарзонæй, Уæд хорз æфсин у, зæд. Æз гæххæттыл æрæвæрдтон мæ уд. Мæ цæссыг уым тугæмхæццæ алырдæм фæцыд. Мæн чи мыса — мæ чингуытæ кæсут. Æмæ уæм хъуысдзæн уырдыгæй мæ дзырд. -ЧЙ 67 ф
# #{Вк* #(^ 1 МÆ ИР Зæрдæйы рухс, мæ Ир, Ды дæ мæнæн мæ ныййарæг, Ды дæ мæнæн мæ цин, Дæуыл кæнын хуыздæр зарæг. Дæ алы хъæбул дæр, Дæу уарзæд æмæ буц дарæд. Дунейы хæрзтæй мын Ды дæ æппæтæй адджындæр. Мæ цинтæ дæм хæссын, Дæуæн кæнын мæ сагьæстæ. Дæ уындæй не ’фсæдын. Дæуæн мæ хуыздæр арфæтæ. Бирæ мын цæр, мæ Ир, Æнæмаст æмæ райгондæй. Дæ рæсугъд хæхбæсты Æфсæст уæнт адæм амондæй. Куыд рæсугьд дæ, мæ Ир, Куы фæлгæсыс дæ бæрзондæй! ^- 68 -^
^ #(&* #г^ # АВТОПОРТРЕТ Æз размæ нæ бырсын, Æз дугъыл нæ ивын мæ цард. Æз никæйы ’фхæрын, Кæй уылты фæцæуын æнцад. Чи асхойдзæн къухæй, Чи къахæй ныллæудзæн æваст. Чи бафхæрдзæн загьдæй, Кæмæн та у йе ’гъдау æнад. Æз адæмы уарзын, Мæнæн дæр ис се ’хсæн бынат. Æгъдау æмæ ’фсармы Фæнды мæ ныууадзын мæ кад. Нæ лæбурын цардмæ, Мæ цæхх æмæ кæрдзын мæ фаг. Бынатмæ нæ бæллын, Уæд алы бынаты дæр фарн. Æз никæйы фауын. И с алкæмæн дин æмæ ’гъдау. Æз никæйы фæзмын. Мæхи фарнæй арæзт мæ цард. Мæ хъару цы нæ у, У уыйбæрц ыскæнын мæ бон. Æдзух мæ фæфæнды, Кæмæндæр ма исты фæуон. Мæхицæй куыд домын, Æз афтæ нæ домын мæнæн. Мæн чи уарзы, уый мæ Йæхæдæг æнæмæнг уындзæн. Нæ кæсын æз дардмæ, % 69 #
Нæ агурын бирæ хæрзтæ. Æз никуыцæй тонын, Нæ кæнын тъыссæнтæ, бынтæ. Æз абонæй цæрын, У абон мæ нысан бæрæг: Мæ гыццыл бинонтæ Æнæниз, æнæмаст цæрæнт. мит Мит уары. Фæлдзæгъдæн хæссы. Дыккаг æхсæв арвæн нæй бафæллад. Мæ хъуыды кæронмæ нæ хæццæ кæны, Мæ къухтæ мæ куыстытæм не ’ххæссынц. Æз митыл æдзухдæр куы фæкæнын цин, Уæд ацы хатт зæрдæ цы бамæгуыр? Нæ лæппутæ хъахъхъæнынц, уынгты лæууынц, Æмæ сæм мæ хъуыдыты балæууын. 1992 аз % 70 -$
-^ щ^-^ #^ к^ МÆ ГОРÆТ Надта мæ горæт къуырибæрц йæхи, Къæвдайæ зæрдæ ныссау. Къæвдайы фæстæ ныл ракасти хур Æмæ дзы зæрдæ у хъал. Уарзын мæ горæты уынгтæ фæснад. Уыдон хæрзæхсад, æфснайд. Худы йæ рудзгуытæй алы хæдзар, Зæрдæйы райгуыры зард. Зарæг у амонды хуыздæр æмбал, Хъæлдзæгæй айхъуысы дард. Уарзонæн уымæй хуыздæр нæй лæвар, Цæй уæдæ мемæ ныззар! Акæс-ма, уарзæттæ амондæй дзаг, Бадынц дыгæйттæй æнцад. Уыдоны цин у нæ зæрæдтæн фаг, Кæд у сæ уалдзæг ныр дард. Щ 71 #
^ #$Ь* #Л^ ÆЛБОРТЫ ФЕЛИКСÆН Нæ бафсæстæн Дæ ныхæстæм Æз хъусынæй. Дæ æнгасæй Куыд æнæ хай фæдæн. Фæлæ уæддæр, Мыггагмæ дæр Дæу мысдзынæн. Дæ хуызæн^истæр Нал мын исæндæр. Кæдмæ цæрдзынæн, Гъеуæдмæ дæр Хъусдзынæн, Дæ рæсугьд цагъд, Дæ уæларвон фæндыр. Цæр мын, цæр мын Мæ зæрдæйы Дæ цагьдимæ Æмæ мын сур Мæ рыст æмæ мæ зын. *щ 72 -$51.
^ #{6к$ #(^ ^ * * * Кæд рувас дæ, Уæд дæн æз та дæ къæдзил. Йæхи та нæ Кæцы нæ уарзы, кæ? Мæ удæй ды Дæ гуылы бын æндзарыс Æмæ дæ арт нæ мынæг кæны, нæ. Æз — иударон, Æз баихсыдтæн цардæй. Мæнæн мæ уд Æрыскъуындзæн рæхджы. Ды та, мае хур, Уæд бафсæддзынæ цардæй, Фæлæ ма уæд, Кæй уд хæрдзынæ ды? % 73 Ц-
^ ш^а^ #$* ^ МАРАТ ÆМÆ ЛЯНÆ Уарзтæн йæ сусæгтæ чи зоны?.. Нæй куыд адзалæн мадзал, Афтæ кæд уарзтæй нæй ирвæзæн?! — Уарзт у Хуыцауы лæвар. Стъалытæ кастысты ирд цæстæй, Фæлæ сæ сау мигътæ амбæхстой. Цардысты уарзæттæ цингæнгæ, Фæлæ сæ сау низтæ ахордтой. Оххай, æнамонд дыууæ уды, Фестат уæ иунæгæн цард. Оххай, дыууæ уарзон сонт уды, Стъалытæ: Лянæ, Марат. Амондджын ыстут, æнæмæнгæй, Уарзты нæ баййæфтат сайд. Уарзтат уæ фæстаг ысулæфтмæ, Стъалыты тахтау — уæ цард. Лянæ, æрцæгъд ма дæ фæндырæй, Кафы уæздан кафт Марат. Уый дæ йæ фæдыл куы фæкæны... Оххай, дæ фæндыр æрхауд. ^г 74 ^
^ #|К^ #(^ ^ АРГЪАУ Гæды мысты фæдыл бафтыд. Нал зоны æнцой. Фыны зара æви хъалæй — Мыстыл у йæ кой. Агуры æхсæвæй-бонæй Мысты фæд рæвдзæй. Дардæй дæр куы фена мысты- Уымæй хъалдæр нæй. Разы у нæ гæды цардæй, Зæрдæ уарзтæй дзаг. Мыстмæ гæды нæу нымаддæр, Хоны йæ ызнаг. Аргъ скæ, мæ хур, мæ уарзтæн — Акæны лæгъстæ. Гæды мысты быны атылд, Кæд кæны кæугæ. Æмæ йæм æрхъуыста мыст дæр, Бацыд æм хæстæг. Рацахста йæ гæды уайтагьд, Бабын и йæ сæр. Бон-изæрмæ дзы фæхъазыд, Рахс-бахс æй кæны, Стæй та йæ гыццыл ысуадзы Æмæ йæм кæсы. $Г 75 ^
Мыст дзы лидзынмæ куыд хъавы, Афтæ дзæмбæй цæф! Бафæллади, нал фæразы, Мыст фæци зæрддзæф. Ныр цы ма акæнон, загъта, Сæфдзæни мæ сæр. Ныр куыд асайдта мæн, уастæн, Гæдыйы æвзæр! Уæд æваст æрхъуыды кодта: Царæфтыд фæдæн, Фæлæ дын нæ батайдзæни Нæ, мæ мæгуыр сæр. Мыст æрлæмæгь ис, ныссабыр, Адаргъ и бынтон, Афтæмæй йæ фæллад уагъта, Кæд хæдмæл æфсон. Гæды йæм фæкаст æнкъардæй, Бавнæлдта ма йæм, Стæй æрхуыссыди фæлладæй, Аивæзта йæ ком. Рамбырд кодта мыст йæ хъару Æмæ уыциу гæпп... Гæдыйы хъуыры ныссагьди Æмæ ’ рцыд сæ сæфт. Чи кæмæй кæна хынджылæг, Ма агурæд ныр. Чи кæй хъуыры кæд ныссæдздзæн, Чи зоны бæлвырд. % 76 т^
-$ #|&* #<&) * * * Куы мæ уарзтай, Мæ цин уыди уæларвмæ, Æндзæвыди уый хæхты цъуппытыл Æмæ æрттывта уырдыгæй. Дæ кастмæ цыди мæм зарын, О куыд мæм-иу кастæ! Куы мæ уарзтай, Нæ мын уыди фæтасæн, Ныфсджын уыдтæн, Хъаруджын æз дæуæй. Дæуæй уыдтæн — Цыдæриддæр дæуæй! Мæ цуры дæр куы нæ уыдтæ, Мæ цырагъдар, мæ рухс уыдтæ. Куы уарзтай мæн, Дæ цæстæнгас æдзухдæр уыд мæнмæ, Æххæссыди мæм дардæй дæр дæ рæвдыд, Дæ узæлд уыд æвдадзы хос мæнæн. Узæлыдтæ мыл дардæй, стæй хæстæгмæ, Уырныдта мæ, кæй цæрыс ды мæнæн. Куы мæ уарзтай, Куыд амондджын уыдтæн! Æмæ мæм каст, цыма Мæхæдæг уарзын. Нæ уарзыс мæн, Ныр нал кæсыс мæнырдæм, Æмæ мæнæн мæ удхæссæг, Мæ уæнгæл. 4г 77 ^
Уæнгмард æмæ æрхæндæг дæн, Мæ уарзтæн Ахуыссыд йæ арт Æмæ ма аззади æртхутæг... 15 июнь 2006 аз % 78 ■&
^ /#46, * #(^ 1 ДЗУЦЦАТЫ СОСЛАНÆН Оххай, фæрæдыд дæ фыд, Раджы куы йын райгуырд фырт. Радта нæртон ном дæуæн Буцæн, хуыздæр ма цы уыд? Фæлæ йæ чи зыдта уæд, Æмæ Ацæмæз уыд гуырд? Райсдзæн йæ къухтæм фæндыр Æмæ æрхъусдзæн æм Ир? Нартæн Сослан уыд хъайтар, Мах Сослан — аивады фарн. Иууылдæр уарзæм дæ цагьд, Стыр уæд дæ амонд, дæ кад! % 79 #
-^ ща^ #$* ^ АЗТÆ Мæлынæн раджы, Байрæджы цсерынсен... Мæлыны бар мын нæй, Цæрын та мæм нæ цæуы. Куыд акæнон, зæгь-ма, Мæ пехуымпар æфсымæр? Дæуæй мæ ныфс уыди, Дæумæ лыгьдтæн мæ зыны. Ныр та дæ бон цы у? — Хæрзаудæн, фæзæгьынц. Хадже, Хадже, мæ бон, Куы дæ феййафын карæй... Дæумæ цæрын цыди, Мæнмæ йæ ад нæ хъары. Мæлыны бар мын нæй; Мæ сабитæ, мæ мадæй — Нырма дæн хæсджын æз Æмæ цæрын æдзардæй. Мæ цардæй æз тыхсын, Къуындæг ысси мæ буар, Мæ къуыдыр ма хæссын — Æнæ уарзт мард у ну ар. Цæмæн байстой мæ цин, Мæ монцытæ, мæ зарæг? Фæлæ цæрын уæддæр... Кæй хъæуы кæ, мæ хъарæг?.. 3% 80 -^
^ #|{^ #^ ^ * * * Байстай мын мæ уалдзæг, Байстай мын мæ худт, Систай мын мæ зæрдæ, Ахастай мæ уд. Иунæгæй дзыназын, Иунæгæй кæуын. Ныр æндæры уарзыс, Уый куыд рауад, куыд?! Асайдтай мæ фæндтæ, Алыгъдтæ мæнæй, Фæлæ мын дæ худтæн Ферох кæнæн нæй. Раздæрау æнæмæт Нал зонын цæрын. Раздæрау дæ размæ Алы бон цæуын. Уарзæттæ дыгæйттæй Донхæристы бын. Уыдонмæ æнкъардæй Иунæгæй кæсын. Щ 81 #
^ #$ь* #(^ ^ * * * Æз хъама нæ хæссын, Ирон дзырды сæрыл Нæ цæуын хæстмæ. Æз дзурын иронау, Хъæбулы рæвдауын, Иронау ын зарæг кæнгæ. Æз тохмæ нæ сидын, Фæлæ уын зæрдиагæй Кæнын лæгъстæ: Уæ сабитæм дзурут, Нарты æвзаг Æмæ зондæй цæргæ. Уæд райгуыры дурæй Сослантæ, уæд арвæй Æрхауы Батрадз... Уæд хъуысы Ацæмæзы уадындз, Уæд æвзаг йæхæдæг æвдадз. 15 май 2007 аз % 82 $>
ф #|&$ ^^ ? * * * Разынди мæ уд фæразон: Уазал уалдзæг уыд мылазон, Хурæн агуырдтам йæ аууон, Фæлæ хур кæмдæр фæдæлдон. Уазал æмæ уымæл цардæй, Бампылди мæ уд йæ цармы. Фæлæ хур фæзынд фæсхохæй, Нал ауæрста уый йæ хъармыл. Бацин кодтон, базмæлыдтæн. Цард фæтых и уæд мæлæтыл. Сыфтæр æмæ дидинæгæй Уæд ысхæцыдтæн мæ сæрыл. Уæд мæнæй кæм уыди хъалдæр, Кастысты мæм иууыл адæм, Æмæ кодтой цин мæ циныл, Уæд нысан уыди мæ цардæн. Щ 83 #
-^ *|к^ #^ -| * * ♦ Сабидуг адджын у, Фæлæ нæй раздæхæн... Срæгъæд и урс тута, Сæрды фыццаг мæй Ныр ивгъуыйы афæдзæн. Нал мын ис баласыл Раздæрау амбæхсæн. Уый ныр сæ бынат у Гомуæраг сабитæн. Цыргъобау кувæн бон, Ма бахæр тутайæ. Кувæггаг бæгæны Йемæ нæ батайы. Тагъд нæм æхсынцъы, Стæй балтæ фæзындзысты. Лæппутæ бæлæсты Къалиутæ ’рсæтдзысты. Цæй-ма кæуылты фæстæмæ Фæхæццæ уон, Курага, джитритæ Искуыдтæ баййафон. Цæй-ма, мæ уарзон, Нæ дынджыр цæхæрадон, Демæ мæ сабидуг Искуыдтæ раздахон... % 84 ^
^ #^6* #г^ 1$ * * * Сæхгæдтай дæ зæрдæйы дуар. Хойын дæм тымбыл къухæй, кæм дæ? Хъæр кæнын дæумæ мæ дзыхы дзаг, Фæлæ ам, æвæццæгæн, нæ дæ. Æз дæуæн бæргæ уаин æххуыс, Фæлæ дын куы нæ зонын дæ низ. О, куыд дæм фæкæсон, уый мын зæгь, Иумæ нын тæссаг куы ницы ис. 26 июнь 2007 аз * * * Æз æххæссын стъалытæй уæлдæр, Хуримæ æмдзугæнæг ысдæн. Уарзтæй судзынц цæстытæ цæхæр, Зæххыл нæ, уæлæрвты дæн фылдæр. Базыдтон æз цин кæнын, тæхын, Базыртæ куы базади мæныл. Æз дæ уарзтæй амондджын куыд дæн, Афтæ мын зæрдæрухсæй фæцæр. # 85 #
^ $4&* #^ -^ * * * Фæдисы бæсты сусæгæй дзурæм, Æххуысы рæстæг дæрдты куы лидзæм. Арфæйы бæсты цæмæн æлгъитæм? Тæригъæдыл та худгæ куы кæнæм. Æфсарм кæм хъæуы, æдзæсгом ыстæм. Æгъдау кæм хъæуы, ныфсæрмы вæййæм. Ныфс кæм быхъæуы, уым тæппуд ыстæм. Зæгъыны рæстæг — къуытты куы вæййæм. Мæгуырæй махмæ дардмæ куы лидзынц, Хъæздыгæн иууыл лæггад куы кæнæм. Хорзæй, æвзæрæй ницыуал æвзарæм, Фесæфт йæ нæмыс ирон æгъдауæн. Хатыр нæ кæнæм, кæрдтæм лæбурæм. Къостайы фæдзæхст æххæст нæ кæнæм, Æфсымæртау мах уарзын нæ зонæм, Æхцайы сæрыл æмгар уæй кæнæм. Нæ фыдæл кадæн, намысæн царди, Махмæ, хъыгагæн, сæ кой дæр нал и. Æргом фыдгæнæг æмæ æвзæрыл Хъоды-иу кодтой, былæй æппæрстой. Алцæуыл разы абон ысвæййæм, Мах бонæй-бонмæ æгадмæ цæуæм. Хуыцау, куыд уыдзæн райсом нæ адæм? «#р|; 86 ~^к.
^ Щ^^ 0^ ^ БЕСЛÆН 1 Ам нал и скъола, Бабын и Беслæн, Ирыстон бабын, Фæлæ та цæрдзæн! Йæ сыгъд уидæгтæй Талатæ суадзд^н, Æмæ та уалдзæг Дидинæг калдзæн. Гуырдзæн нæм саби, Хур дæр ныл кæсдзæн, Фыдгулы фæндиаг Никуы фæуыдзæн. Ам нал и скъола, Бабын и Беслæн. Ирыстон бабын, Фæлæ та цæрдзæн! 2 Мах ныддымстам хъулон шартæ, Æмæ дидинджыты бает Алчи цингæнгæйæ хаста, Æмæ кодтам ардæм тагьд. $Г 87 #
Ацы бон — æдзух бæрæгбон. Абон хур дæр уыд нæ фарс. Алчи сабийæ зæрондмæ Дары ацы бонмæ бар. Ахуыргæнджыты рæвдыдмæ, Аив скъоламæ тырнæм. Зонындзинæдты бæрæгбон Ацы хатт хуыздæр уыдзæн. Фæлæ ныл æваст цы сæмбæлд? Сау халæттæ ныл æртыхст. Байстой нын нæ цин, нæ хъæлдзæг, Тас, æрхæндæг нæм фæзынд. Уайтагъд раивтой нæ шартæ Æмæ дидинджыты баст. Къухты ифтыгъд автоматтæ, Къултыл та гранатты баст. Абон фæйнæгыл æрфыссынц, — «Уарзон бæстæ» æмæ «Мад». Мах та алырдæм ысхойынц, Æмæ нæм мæлæт нымдзаст. Ахуыргæнæгмæ нæ хъусæм, Махæн амоны ызнаг. Ацы урок рох нæ уыдзæн, У йæ хотых — автомат. Нæй нын дон, къæбæр, нæй дзурæн: Уæд гæрах кæнынц, уæд — мард. Æваст: бæстæ райдыдта рæмудзын Æмæ ныл нæ бон ныккалд. Чи арæхсти, — лыгъд, Йæхицæн алчи амал кодта цард. 4 88 #
Фестад арвы дуар пырх рудзынг, Уымæн ныр æнустæм кад, Лидзæг сабиты чъылдыммæ Ссырдта тугдзых автомат. Чи аирвæзт — уæд цæринаг. Чи фæмард — дзæнæты бад... Чи бавæрдзæни йæ иунæг, Уымæн ма цы зæгьæм мах? Фæлæ уымæй нæй мæгуырдæр, Чи æруидздзæни æртхутæг... Æмæ нал фендзæн йæ мард... Абон ма æмбæхс дæ хъарæг, Ку, мæ хур, мæ Ир, хъæрæй. Фæлæ ма фæтæрс ызнагæй, Ахæм хъæбултæ дын нæй! % 89 -|г
^ $4&* #^ ^ МÆ ИРЫ ХЪЫГ Куыд не скъуыны мæ зæрдæ? Куыд нæ фæуы мæ цард? Куыд фæразæм нæ зынæн? Куыд ныхъуырæм нæ маст? Ирыстоны хъæбултæ Кæмæн уыдысты знаг? Æрцыдысты нæмгуытæй Нæ сабитæ нымад. Сывæллонæй, зæрондæй — Куыд сыл бафтыдтой арт?! Куыд ма кувæм Хуыцауæн, Куы ныл æрхауди арв? Ыскъуыйы дур нæ богътæй, Фæлæ нæ фæуы цард... Куыд æрвитдзыстæм бонтæ? Куыд бауромæм маст? -*|~ 90 ^
^ щ^^ #$* САУ СЕНТЯБРЬ Æппæтыл не ’ххæссы мæ сæр, Нал и мæ риуы зæрдæ. Мæнæ цы раны фæдæн, Иры хъæбулты мардæй. Ахуыргæнæг æмæ мад, Иу уыди абон сæ цин, Фæлæ сæ асайдта цард, Амонд сыл рацыди хин. Ахуыргæнæгмæ цыди Саби ныййарæгимæ, Иумæ ыссардтой мадзал Хистæртæ сабитимæ. Федтой кæд иумæ зындон, Уæд ныр дзæнæты сты, зон. Кæцыйыл ма дзы кæуон? Нал сыл æххæссы зонд. Уым минæтæ ауыгъд, сагъд, Уым алкæм — гранаттæ баст. Адзалæн уыди чындзхаст, Æнæфсис цæстытæй каст. Уым амæлын диссаг нæ уыд, Уым алы къахдзæфыл — мæлæт. Уым аирвæзæн нæ уыд, Фæлæ сæ фæнд фæмæнг... # 91 #
Фæлæ дæттын мæ уд, Чи аирвæзт уæддæр. Уый мын — гыццыл паддзах, Уый мын — зæдтæй хуыздæр. Байгас уыдзысты цæфтæ, Разайдзæн ног дзыкку, Цæстыты хаутæ, æрфгуытæ Разындзысты рæсугъд. Зæрдæйæн дæр йæ ностæ Æмæ йæ судзгæ рыст Иумæ дзæбæх кæндзыстæм, Низтæй дæр у ныр хызт! Амондджынæй мын байрæз Æмæ мын бирæ цæр. Алкæддæр у уæлахиз, Зындонæй ирвæзт сæр! 4~ 92 -#1
^ #{6* #(^ ^ ÆЛБЕГАТЫ ТИМУРЫ ЗАРÆГ Мады зæрдæйы хъыг, Мады зæрдæйы рыст, Мады цæстыты, Мады цæстыты Суадæттау кæлгæ цæссыг. Мадæн хур у йæ фырт, Макуы хуыссæд йæ зынг. Мады тæригъæд, Мады тæригьæд Не скæнæг ма ныббарæд. Уыцы тугкалæн бон, Стыр лæгдзинад куы хъуыд, Уæд нæ хуыздæртæй, Уæд хъæбатыртæй Иу дæр фæсвæд нæ уыд. Дугьы уади Тимур Стыр Беслæныхъæумæ, Судзгæ скъолайæ Скъæфта сабиты, Тас æм нал цыд хæстæг. Уый йæхи аууйетты Хаста сывæллæтты, Уæд æнæхатыр Знаджы нæмгуытæ Баййæфтой йын йæхи. % 93 #
Цал уыд ахæмтæ уым? Кæцыйыл ма кæуæм, Кæцы фыдæн ма, Кæцы мадæн ма Мах ныфсы дзырд зæгъæм? Кæд дæ зынаргъ фæмард, Уæд æй ма агур ам, Арвыл стъалыйæ Уый дæм худдзæни Æмæ тавдзæн дæ цард. Ма æвгъау кæн цæссыг, Ахæм саударæн бон. Кæд нæ цæссыгтæй, Кæд нæ сагъæстæй Бахизиккам нæ Ир! Хæхтæ æруагътой сæ сæртæ Æмæ бандзыг ысты. Нал фæразынц нæ зынтæн, Немæ риссынц, кæуынц. Дуртæ дзурын нæ зонынц, Фæлæ немæ ысты. Тонынц дуртæн сæ фæрстæ Æмæ калынц цæссыг. 4" 94 ^
^ #{6* #(% ^ БЕСЛÆНЫ УÆЛМÆРДТЫ Афынæй кæнут, Мацæуыл тыхсут. Рухс фынтæ уынут, Сау хъизæмæрттæй Аирвæзтыстут. Тухæн нал кæнут, Нал уæ дон хъæуы, Нал къæбæр хъæуы — Алцæмæй дæр фаг, Сты уæ фынгтæ дзаг. Мах хæлар кæнæм, Сымах та ахæрут. Уым, дзæнæты уын, Ирдгæ рухс суадон. Тезгъо акæнут Уым æнæмæтæй. Уыцы цъæх нæууыл, Афынæй кæнут Рухс фынтæ уынут. О нæ сабитæ, О нæ зæрдæтæ. -ЧЙ" 95 #
^ Щ^^ #^ 1 АМОНД 1 Кæд æрхъуыды кодтон дæу, Кæд æцæг уыдтæ? Æз уарзтон дæу æмæ дæуæн Мæ цард кодтон нывонд. Дæумæ нæ уæндыдтæн кæсын Æмæ ысдзурын дæр. Ды мын нæ базыдтай мæ уарзт Æмæ мæ бæллицтæ. Уыдысты хъуыдытæ дæуыл, Дæуыл — мæ монцытæ, Фæлæ нæ баиу ыстæм мах, — Æндæрмæ ацыдтæн. Æндæрæн радтон æз мæ уарзт Æмæ мæ монцытæ, Фæлæ мыл баталынг мæ цард, — Мæ амонд ахицæн. Мæн та куы бафхæры мæ къай, Æваст, æнæрхъуыды, Уæд æй æз абарын дæуыл, — Дæумæ куыд дард лæууы... Мæнæн нæ загътайс ды, нæ, Æппындæр ахæмтæ, & 96 ^
Цы бады уый дзыхы, дæуæн Дæ хъуыды н’ аххæсдзæн... Æз кувын сусæгæй дæуæн, Фæлæ дæ амондæн, Йæ фæндаг ахызти дæрдты, Æмæ йыл н’ амбæлдтæ... Ныккæуын хинымæр дæуыл Æмæ мæхиуыл дæр. Ды дæ æнамонд, фæлæ æз — Дæуæй æнамонддæр. Ды дæ мæнæн бынтон æндæр, Ды дæ æгъдау, æфсарм. Дæуæн, æвæццæгæн, æмбал Нæй ам зæххонты ’хсæн. О, дарæд дыл Хуыцау йæ арм Æмæ у амондджын. Мæнæн нæ рауади мæ цард, Дæуæн та бантысæд! 2 Адæймаг райгуыры иунæгæй Æмæ иунæгæй амæлы, Фæлæ йæ царды дæр, мæгуыр, Бынтон, хæрз иунæг у. 3 Мæнæн мæ рыст æмæ мæ тыхст Нæ хъæуынц никæйы. Æз иуиæг дæн æмæ тыхсын, Уым диссаг ницы и. 4 Заказ №1641 Щг 97 ~|^
Дæ фарсмæ адæймаг куы уа, Æмæ куынæ уына, Куынæ хъуса æмæ цæра, Цыма æцæгæлон, Уæд уымæй риссагдæр цы уа? Цы ис уæд аивæн? «Ныууадз мæ, ауадз мæ, уæд та, Æмæ ма ацæрон»... Фæлæ нæ хъусы уый Мæ куывд, мæ лæгьстæтæ, Æмæ мын аирвæзæн нæй, — Æнусон ахæстон. Цымæ цæмæн хъæуы мæ цард Мæн дæр, Хуыцауы дæр? Æрхæндæг дæн æмæ æнкъард, Æмæ ныххæррæгь дæн. 4 Куы та мæ бафхæры мæ къай, Æваст, æнæрхъуыды. Мæхицæй дæр вæййын уæлдай, Фæлæ дæу фæмысын. Бæргæ куы уыдаис мæ хай (кæд дзы мæхи сайын?), Бынтон æндæр уаид мæ цард, Æз дæр æндæр уаин. Уæд калид дидинæг мæ уарзт, Мæ цæсгом рухс уаид. Мæ уарзтыл зарин æмæ цин Дунетыл уарин. ^- 98 -^
Уæд уаин диссаджы рæсугьд, Æмæ мæ азтæ Сæ уæз нæ уадзиккой мæныл, Фæлæ сæ арфæ. Цымæ цы сагъуыдтæн, цымæ. О, уаин, уаин!.. Фæлæ йæ чи зоны бæлвырд, Мæхи цы саин? Лæгæн цы нæ Бантысы уый, Æцæг фæхоны — Хаджейы загъдау. 5 Чызг-иу куы фæцæуы чындзы, Уæд бирæ арфæтæ Фæкæнынц хистæртæ, бæгуы. Фæлæ фæсайд вæййы. Фæбæллы амондмæ, хæрзтæм, Рæсугьд йæ монцытæ, Фæлæ йæ дарæстимæ згъæлд Æрцæуынц зæххытæм. Æз дæу æрхъуыды кодтон, ау? Æви æцæгæй дæ? Цымæ мын чи дæ, стæй кæм дæ, Мæ цин, мæ рухс сæнттæ? % 99 #
^ ’К^К^ #^ ^ ИКЪАТЫ МÆИРБЕДЖЫ МОНОЛОГ Тимон дæн æз. Мæ къух уыл исын абон Æмæ цæуын Мæнгард дунейæ дард. Дæн Димитров. Æз н’ ауæрдын мæ удыл, Кæнын мæ æфхæрд адæмæн лæггад. Æз дæн Къоста. Кæд райгуырдтæн хæхбæсты, Уæддæр дунейыл аххæссыд мæ зонд. Фæдзæхсын уын: Æппæт адæмтæ зæххыл, Кæрæдзи уарзут Æмæ ут æмзонд. Æз Яго дæн. Мæнгард æмæ фæлитой, Мæн искæйы кад Батæрдзæн мæрдтæм. Хуыцау лæгдзинад Иннæтыл куы уæрста, — Мæнмæ æрхауди марг æмæ хæлæг. Фæтæг дæн æз, Фæлæ æххуырст фæтæг. Кæйдæр паддзахад Систон æз бæрзæндтæм, Мæхи бæстæ та Ссæст æмæ æфхæрд. 3% 100 -^
Цы нæ хуызы уæм рацыдтæн, — Йæ зæрдæ ничи Сивта уæ мæныл, Мæн æмæ уе ’хсæн — Сценæйы æмбæрзæн, Ныр дæр мæм хъуысы Залы къухæмдзæгьд... Æз дæн хуымæтæг Адæймаг æрмæстдæр, Мæ ном — Мæирбег Икъатæй. Сæрыстыр æмæ разы дæн Мæ цардæй, Мæ фæлгонцтæй дæр Разы дæн, бæгуы... Цæссыг нæ хъæуы, Ма кæсут æнкъардæй, Нæ алкæйы дæр Абонмæ хъæуы... %Ю1~^
^ >|!^#. #^ ^ УАРЗТЫ ЗАРÆГ Сомы дæ номæй кæнын, Æмæ дæ номыл цæрын. Уарзын дæ фæлмæн æнгас, Цæстытæй ракæсы арв. Алкæд дæ уæздан ныхас Зæрдæйы ахъары арф. Нал ис дæ хуызæн рæсугъд, Айс мын бынтондæр мæ уд. Ракæс дæ цæстыты дзаг, Æмæ ныррухс у а мæ цард. Радзур мын, райхал дæ уарзт, Дуне куыд нал уа мæ фаг. Нал сусæг кæнын мæ уарзт, Уадз æмæ айхъуыса дард. Хъуысдзæн дæм абон мæ зард, Æмæ-иу мемæ ныззар. ^102 |§1
^ #ЦЬ* #(^ т* ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗЫ НЫХАС КÆСТÆРТÆМ 60 азы юбилеймæ Сымахæй абон æз куыд дард дæн, Фæлæ сымахимæ — мæ уд. Æз уын цы фыстытæ ныууагътон, Гъе, уыдон адджынæн кæсут. Æмæ Хаджейы фырт фæцæрдзæн. Æхсай азы цы сты, мæ цард. Ирыстоны кæдмæ хъуысдзæн Мæ рæнхъыты æлвæст æвзаг. Æз зыд æмæ кæрæф нæ уыдтæн, Мæнæн мæ цæхх, мæ кæрдзын фаг, Æз ма æмгæртты дæр фæхынцтон, Æмæ-иу зарæг айхъуыст дард. Ныр та мæ уд дæу фод, мæ кæстæр, Куы ма дæ федтаин, бæгуы, Фæлæ дын, чи зоны, мæ фыстæй Уæддæр æз бацыдтæн хæрзты. Мæ ном, мæ рæнхъытæ цæрдзысты Æмæ йæ чидæрид зæгъдзæн, Кæй уыдтæн Джусойтæн сæ кæстæр, Зæронд Хаджейы фырты фырт. Дæуæн, æрмæст дæуæн, мæ кæстæр, Ныууагътон чингуыты мæ уд. Ирон æвзаг цæрдзæн æнустæм, Мæн та хуыздæр амонд нæ хъуыд. 15 февраль 2005 аз Щ~ 103 #
^ ЩЦ^ #г^ Т^ ХÆФС - ПАДДЗАХ Цъымарайы бадти хæфс, Уыд йæ цардæй разы. Кæд паддзах йæхи хуыдта, Æмæ цардæй хъазыд. Иу бон нал æрвæссыд хæфс Цъымарайы малыл. Æмæ хæфсытæн дзырдта: «Цъымара мæ мары. Цардагур æз ныр цæуын Нал мæ фæнды бадын». Рахызти дын сурмæ хæфс, Рагæпп-багæпп систа, Агуры хуыздæр бынат, Ам дæр паддзах фестад. Бацыд иу хæдзармæ хæфс Æмæ йæ æрфæндыд Ацы хæдзары цæрын, Цæрджыты фæтæрын. Схызти фынгмæ уый бæрзонд Æмæ дын æрбадти Фынджы астæу, æмæ йæм Хæдзары ’фсин бацыд. Фелвæста дын хæфсы уый Æмæ йæ ныхсадта, % 104 -|§1
Стæй йæ æхсыры хуылфы Хорз æфсин ныппæрста. «Ацы урс мал мын цы у? Æз хуыздæр аккаг дæн. Нал мæ фæнды ныгъуылын» — Къухтæ, къæхтæ тилы. Цас фæцагьта гæндзæхтæ, Уый æз дæр нæ зонын, Фæлæ дын фæуæлбыл и Æмæ царвыл бады. Кæд фæллад уыди, уæддæр Уый хуызæн кæм уьади! Бауырныдта йæ фылдæр, Ахæм гуырд кæй нал и. Нæ, паддзах дæр.диссаг нæу, Кæд, мыййаг, Хуыцаудæн?! Уыд йе ’нгас сæрыстыр, Схъæл уыди йæ бадт дæр. Уалынмæ хæдзары ’фсин Къæбицмæ æрбацыд. — О, æвзæр хæфси, куыд дæ, Ды дæ удæн тарстæ? Ныр мæ нæлхæ у цæттæ, Иннæ ахæм — мисын. Хорз мын балæггад кодтай, Афонмæ дæ мысынц. Райста хæфсы æмæ йæ Цъымарамæ тагъд-тагъд ^ 105 #
Скъафта æмæ ’хсгæ Цъæмарайы малмæ: Уый дын паддзах, уый Хуыцау! Уым йæ тъæпп фæцыди. Ахæмтæ ис не ’хсæн дæр, Хæфсы тæккæ халдих, Бирæ сæ фæнды, бæргæ, Нæй сын никуы бафсис. ^106 "4^
$р{1к "4^ #$^ ^ ÆНКЪАРД ХЪУЫДЫ Нал ыскæндзæн Баба Кæрты Ногбоны арт Æмæ й’ арты къæр-къæр Нал айхъуысдзæни дард. Уыд нæ сабидуг уарзт Æмæ рухс фынтæй дзаг. Ивгъуыд басыгъта арт, Згъоры размæ нæ цард. Мах нæ ферох нæ уарзт, Стæм ма монцытæй дзаг, Радтам сабитæн цард Æмæ уыдоны фаг Хъуамæ скæнæм нæхи Æмæ зæрдæйы цавд. Декабрь 2004 аз 4( 107#
^ Яфк* #^ КЪЕСАОНТЫ ÆФСЫМÆРТЫ ЗАРÆГ Æхсай азы рацыд Сау хæсты фæуынæй, Æхсай уалдзæджы ныл Ыскодта фæрнджынæй. Стыр уæлахиз нын Кæй руаджы бантысти, Рох хъуамæ мачи уа Нæ зынгхуыст лæппутæй. Къесаонты хæдзар Цыппарæй равдæлон, Ахæм æфсымæртæй — Не ’фсад æнæсæттон. А дам, стæй Кертыби Æфсадмæ фæцыди, Афтæмæй нæ бæстыл Тугкалæн æрцыди. Хæстмæ уæд цыдысты Тамби æмæ Дрис дæр, Лæгдзинад æвдыстой Науырызы фырттæ. Иу дæр сæ нал раздæхт Цыппар æфсымæрæй, Иу дæр сæ нæ бафсæст А зæххыл цæрынæй. -*|-108 $1
Ирыстоны зæххæй Куыд дард æрхаудыстут? Нæ хæхты хъæбултæ, Æнусмæ кæм хуыссут? Адам — Ленинграды бын. Кертыби — Киевы. Дрис — Харьковы зæххыл, Тамби та — Орелы. Дзæнæты фæбадат, Уæ ном та — цæринаг. Сымах нын æнустæм - Мысинаг, фæзминаг. Æхсай азы рацыд Сау хæсты фæуынæй, Æхсай уалдзæджы ныл Æрцыди фæрнджынæй. ^ 109 #
^ щ^^ ^^ ФÆЗЗÆГ Æз дæумæ цæуын, дæумæ. Ис мын фембæлд дæуимæ. Нал лæууын æз дæ уындмæ. Фæззæг уалдзæг у мæнæн, Уымæн æмæ уарзын дæу Æмæ æз цæуын дæумæ. Тагьд кæнын дæ размæ, Базыртæ мыл базад. Фæззæг уалдзæг у мæнæн, Уымæн æмæ уарзын дæу Æмæ æз цæуын дæумæ. Дзурын сыфтæртæн æргом Æз дæ ном, æз дæ ном. Фестад фæззæг уалдзæг мæнæн, Уымæн æмæ уарзыс мæн. Фæззæг тæргæйттæ кæны, Куы худы, куы та кæуы, Фæлæ мын уæлдай куы нæу. Фæззæг амондджын мæнæн, Уымæн æмæ уарзыс мæн Æмæ ды рæвдауыс мæн. Згъорын та дæ размæ, Сыфтæртæ фæйлаугæ. Фæззæг амондджын мæнæн, Уымæн æмæ уарзыс мæн Æмæ ды рæвдауыс мæн. -^-110-$.
#|К^ 0(^ 1^ ДЖАЗ! Къабойты Лизсейæн Хурæнгæс сылгоймаг Зары джаз иронау Æмæ йын æмбары Алчидæр йæ зард. Ацы зæххыл рагæй Бирæ цæры адæм Æмæ сæ æдзухдæр Баиу кæны джаз! Базыртæ ис джазæн, Уый æмбарынц адæм. Дунетыл фæзилы Æмæ тауы уарзт. ^"111 #
# ЭД^Ь* #<^ ^ ЗЫМÆДЖЫ АРГЪАУ Нæй мын раздæрау Хохмæ бауайæн, Ихын галуантæ Уым фæнымайæн. Зымæг хæхбæсты — Аргъæутты бæстæ, Балæвар кæны Адджын урс фынтæ. Доны пырхæнтæ Къæйтыл ныссæлынц Æмæ пуцæлттау Уым зæбул кæнынц. Хуры æндзæвдæй Ирдгæ сæрттивынц, Диндингæнгæйæ, Тагъд æрызгъæлынц. Митын уæйгуытæ, Ихын галуантæ, Алкæддæр мысын Зымæджы рухс фын. Уарзын дæ, уарзын, Зымæджы аргъау. -$112-&
^ ЩИ^ #(#^ т^ СУСÆГ УАРЗТ Кæддæр дæуæй æз фембæхстон мæ уарзт, Нæ мын федтай мæ уарзтмондаг цæстытæ. Дæуæн мæхи нæ кодтон æз аккаг Æмæ лыгьдтæн дæрдты мæхи æмбæхсгæ. Ды мæм цы кастæ? Кæд уæларвон зæд! Дæумæ мæнæн куыд нæ уыди æххæссæн!.. Æрзылди ныл дæргъвæтин бонты цалх, Нæ дыууæйæн дæр не ’намонды ’вдисæн. Фæсмон кæнын? Æвæццæгæн. Æндæр Цæуыл кæуын, дæ цæстытæ цы мысын? Куыд нал и ’рцæуæн уыцы уалдзæгмæ, Гъе, афтæ нæй дæ цæстытæм ныккæсæн. Куыд иунæг дæн. Мæ тыхст æмæ мæ зын — Æрмæст мæхи. Æрмæст мæнæй фæриссынц. Кæддæр мæ уарзт куыд фембæхстон, сæттын, Ныр та мæ хъыг, мæ цæссыгтæ æмбæхсын. Æмбæхстытæй куы фæцæуы мæ цард... Кæй дзы сайдтон, мæхи, æви мæ хъысмæт? #113-^
^ #{&* #<*ь т(ь КÆМДÆ? Федтон æз дæ сау цæстыты Стъалыты цæхæр. Федтон æз дæ сау æрфгуыты Базырты уылæн. Бауарзтон, бауарзтон, Ныр куыд’уон," ныр куыд уон? Баззади мæ уалдзæг сидзæр, Ныр куыд акæнон? Уалдзæг хæрзæмбæлæг, Раздах мæ уарзоны. Уалдзæгмæ дæ къæхты фæдтæ Агурæг цыдтæн. Фарон уалдзæг æз дæуимæ Амыты уыдтæн. Агуырдтон, агуырдтон — Иунæг дæу, иунæг дæу. Фæлæ дæ куы нал ыссардтон, Уæд цымæ кæм дæ? Фæлтау куы нæ федтаин, Уыцы цæстытæ. Фæлтау куы нæ зыдтаин, Уыцы æрфгуытæ. Нæй æнцой, нæй æнцой Æнæ дæу, æнæ дæу. Байстай мын мæ уалдзæджы цин, Афтæмæй кæм дæ? ^-114-^
1^ #|К^ #г^#; КАФÆГ Ды кафыс æмæ та... Мæ цæстытыл ауайы цад. Цады ленк кæны хъаз, Уымæн райхæлд йæ уарзт. Сисы базыртæ ’васт, Стæй сæ айтындзы дард, Цъилау иу ран ныззилы, Куы ленк кæны иу хаххыл раст. Дæ кафтмæ æз фенын: цæргæс, Йæ базыртæ айтыхта дард, Цъититæй тæхы уæлдæр Æмæ у сæрыстыр йæ каст. Ды кафыс æмæ та... Мæ цæстытыл ауайы уалдзæг, Уалдзæг дидинæг калы Æмæ бафæнды алкæйы уарзын. Ды кафыс æмæ та... Мæ размæ куы февзæрди уарди, Уарди райхæлы Æмæ*йæ рæсугьдæй сонт зæрдæ бабын. Ды кафыс æмæ та... Мæ цæстытыл ауайы арт, Арты æвзæгтæ лæбурынц, Скъæфынц уæларвмæ мæ уарзт. ^П15#
Ды кафыс æмæ та... Мæ цæстытыл ауайы суадон, Суадон агайы зæрдæ, Йæ уазал мæ ирвæзæн абон. Хур ферттывта суадоныл Æмæ дзы мæ цæссыг æруад. Уый федтон дæ кафты. Дæн абон дæ амондæй хайджын. -Ц 116 Цк
^ #^* #(^ СÆРДЫГОН КЪÆВДА Нæ гыццыл кæрты цыди мæ рухс дуне. Мæ сабидуг раджы кæддæр ам баззад. Мæ фæндæгтæ та мæ ардæм æрхастой. Кæсын, мæ рагбонтæ агурын, агурын. Нæ кæрты агурын дæу, Цъæхдзæст пыхцылсæр. Ныр асæрфин дæ пырх уæрджытæ. Рог къабайы къæвдайы бын хъæлдзæгæй уайын, Нал цæуы бæгъæввад сабийæн йæ цин. Абон мемæ къæвдайы бын хур йæхи найы, Афтæмæй нæ фæлмæн уарын тагъд фæци. Мæ зæрдæ сабийау фынтæ рæвдауынц. Абон дæр сæрдыгон къæвдатæ уарзын. Гом къахæй дондзæстытæ куы нымадтон, Мæ мады хъæрмæ-иу нал хъуыстон, нæ хъуыстон. Сæрдыгон къæвда — рагбонты хæзна, Ды æнусон уарзт, базыртæ мын ратт. *Йг 117#
^ #^ #^ ^ ÆЗ УАРЗЫН Æз уарзын, фæбæллын Æхсæвæй у а бонæй нæ фембæлдмæ. Дæ цæстыты азым Мæн сайы йæ фæдыл бæрзондæрмæ. Фæнды мæ — дæуæн æз Æппæтæи тыхджындæр, сыгъдæгдæр у он. Дæ æнкъард цæстыты Мæ уарзтæй арвон арт куыд ыссудзон. Мæ уарзтыл æз зарын, Дæуæн фæуæд амонды фидиуæг. Куы арвыл дæ стъалы, Куы та мын хуымæтæджы дидинæг. Æз арвыл æндзæвын, Æз хур æмæ мæйæн æмдзугæнæг. Мæ уарзтыл æз зарын, Дæуæн фæуæд амонды фидиуæг. ^118-#
■^ #ц&^ #$* ^ * * * Нæ мæсгуытæ дзæгъæл, Нæ хæдзæрттæ æдзард. Цæмæ кува хуыздæр Нæ цыфыддæр ызнаг?! Ныууагътам нæ къонатæ, Зынг нал ыссудздзæн ам. Кæмæн нал ис фыдæл, Куыд ма йын у а кæстæр? Нæ куывд ныдздзæгъæлтæ, Нæ дин дæр нал у иу. Куыд нæ уарза Хуыцау, Куы нæ уарзæм нæхи? -#119#
-^ #1&^ #^ ^ МА КÆН ÆНКЪАРД Уалдзæджы ивы сæрд, Сонт къæвда æмæ тæвд. Фæззæг дæр тагъд, Раивдзæн фыдзымæг. Махæн цыбыр нæ цард, Сурут æрхæндæг дард. Къæвда куыд ивы хуры зынг, Ивæм мах цинтæй алы зын. Ма кæн æнкъард, У хуры æнгас. Ахæмы уарзы цард, Уымæй нæ лидзы уарзт. Нæй фæсмон. Æнæ дæу зонын æз цæрын. Нæй фæсмон. Абоны бонæй æз цæрын. Фесæф цæй, Æнæ дæу зонын æз цæрын. Цæрдзынæн æз! Уарздзынæн æз! Уарзон фæлыгьди дард, Нæ кæнын æз æнкъард. Макæмæн бахæр ард, Сайдзæн дæ райсом уарзт. % 120 ~(^
Ма бахæр ард. Се ’ппæт нæ зонынц уарзт. Цалынмæ уарзыс, уарз! Æнусон нæ вæййы цард. Куы кæнай ды дæ ард æххæст, Цæргæ та ма кæд кæндзынæ? Цардæй æфсæст, Уарзтæй æфсæст. Мацæуыл кæн æнкъард, Макæуыл кæн æнкъард... Хорз у цард! Мацæуыл кæн æнкъард. Даргъ уа, æви цыбыр, Уарзтæй куы фидауы цард. Цæрдзынæн æз. Уарздзынæн æз. Нæ кæнын æз æнкъард, Сурын æрхæндæг дард. % 121 ^
^ #р&* #^ ^ ВАЛЬС Æз цæуын, цæуын дæумæ. Агурын, агурын дæ. Агурын æдзухдæр дæу! Дæу! Æнæ дæу нæй мæнæн цæрæн, мæнæн цæрæн, цæрæн. Хъуыдытæ тæхынц дæумæ, Æдзухдæр тæхынц дæумæ, Иууылдæр тæхынц дæумæ, тæхынц дæумæ. О, фæлæ кæм дæ, кæм дæ? Ауадз мæ дæ цагъарæй! Науæд цæуын, науæд цæуын сæрсæфæнмæ! Фыны мæм кæд фæзындтæ? Зонгæ дæ куы нæ кæнын. Сайыс мæ дæ фæдыл дард, дард. О, курын дæ, дæ къух мæм ратт, фæлæуу! Мауал мæ дæ фæдыл сай, Мауал мæ тухæнæй мар. О, фесæф цæй, ысуæгъд мæ кæн, ысуæгьд мæ кæн. О, мæ фыдбылыз дæ, Æви мæ зæды хай? О, æцæг æви мæнг дæ? Цавæр æндæрг фæсайы мæн, фæсайы мæн, фæсайы мæн?..
•^ #{&те Щ$* ^ МÆИР Зæрдæйы рухс, мæ Ир. Ды дæ мæнæн мæ ныййарæг. Ды дæ мæнæн мæ цин, Дæуыл кæнын хуыздæр зарæг. Дæ алы хъæбул дæр Дæу уарзæд æмæ буц дарæд. Дунейы хæрзтæй мын Ды дæ æппæтæй адджындæр. Мæ цинтæ дæм хæссын, Дæуæн кæнын мæ сагъæстæ. Дæ уындæй не ’фсæдын, Дæуæн мæ хуыздæр арфæтæ. Бирæ мын цæр, мæ Ир, Æнæмаст æмæ райгондæй. Дæ хæхты хъæбысы Æфсæст уæнт адæм амондæй. Куыд рæсугъд дэе, мæ Ир, Куы фæлгæсыс дæ бæрзондæй. Æз амондджын вæййын, Куы фенын хæхтæ райсомæй. % 123 #
^ Щф^Ш #^ ^ БÆРÆГБОНЫ ЗАРÆГ > Амондджын фембæлд уæд Махæн сымахимæ, Мах уын дæттæм нæ уд Фæндыры цагъдимæ. Амондджынæй цæрут, Рухс уæнт уæ зæрдæтæ. Мах уын лæвар кæнæм Амонды зарджытæ. Зивæг нæ кæнæм мах, Хъæлдзæг кæнæм уæ бадт. Рахиз, лæппу, æркаф, Æмæ уæраг æрсадз! Бирæ куы нæу нæ цард, Ма йыл исут уæ къух, Мачи кæнæд æнкъард, Акафут, азарут. Чи ма нæ хъусы цагьд, Чи ма кæны æнкъард? Уымæн — мæ хуыздæр зард, Уымæн хæссын мæ уарзт. 4' 124 #
Уарзын дæу дæр фæнды, Уарздзынæ райсом ды. Абон та каф æмæ зар, Афтæмæй амонд ыссар. Ой, бирæ куы нæ у цард, Мачи кæнæд æнкъард. Акафут, азарут! Щ~ 125 "^
-$. #$&* #(^ Т(Ь МÆ ХÆРÆФЫРТ ЧЕДЖЕМТЫ ВАДИМЫ ЦЫРТЫЛ Мæ уарзон чызгæн асайдтон йæ фæндтæ, Мæ фæлмæн хотæн асастон сæ ныфс. Мæ ныййарджытыл батар ысты бонтæ. Кæуынц мыл се ’ппæт, Нал цæуы сæ рыст... * * * Куы мæ амбæхсой уылæнтæ сæ быны, Куы ацæуон сымах æхсæнæй æз, Мæ сыгъдæг уд мын мæ сæвдулут цъыфы, Уæлдай уаргь мын уыдзæни уыцы уæз. Сыгъдæгдзинад мæ кувæндон уыд царды. Куы цæуон, уæд сыгъдæг уыдзынæн æз... Сæууон æртæх куыд ануазы сæртæг хур, Гъе, афтæ мæ, фурд, амбæхсдзæн дæ фæз. Щ126 $
^ #{Ь* #4* ^ ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ХЪЫНЦЪЫМ Æз ахсем мой ыскæнин... А д æ м о н з а р æ г Æз цыкурайы фæрдыг нæ агурын, Аргъæуттыл не ’ууæндын. Æз, мæнау бынтон зæххон гуырдмæ Смой кæнин. Мæхи дæр мын хуымæтæг Зæххон уарзтæй чи уарза. Æз ахæм мой скæнин, Йæ сыгъдæг фæллойæ чи цæра. Æнæхин, хуымæтæг Æмæ уæздан чи уа, Кадыл йæ цард раттын Æвгъау кæмæ нæ фæкæса. Æз ахæм мой скæнин, Лæгдзинад йæ туджы Кæмæн уа, Йæ ирондзинадæй Сæрыстыр кæмæй уон, Хистæр, кæстæр чи зона, Мæнæн та аргъ чи кæна. Арвæй стъалытæ чи скъæфа, Сызгъæринтæй мæ чи æлхæна, Ахæм мой мæ нæ хъæуы. Куыстæй удхæссæгау чи лидза, Цæл кæнын та бирæ чи уарза, Ахæм мой мæ нæ хъæуы. ^#127#
^ #|К^ ^^ ? МЫГГАДЖЫ ЗАРÆГ Ирыстоны алы мыггаг дсер иу артсей уæрст серцыд, Уымæн мах афтæ æнгом цæрсем, иу у нее кад, пæ цыт. Абон нæ мыггаджы буц кæнæм арфæйы зарæгæй. Кадджын у мыггаг Ирыстоны, зонынц æй тынг рагæй. Алчидæр махæй йæ мыггаджы уарзы зæрдиагæй. Мах стæм хотæ мæ ’фсымæртæ, сабийæ, зæрондæй. Мыггаджы бирæ фæлмæн хотæ, мах цæрæм уарзонæй. Уарзæм нæ домбай æфсымæрты, хайджын уæнт амондæй. Мыггаг гыццылæй зæронды онг хотæ мæ ’фсымæртæ. Мах стæм хотæ мæ ’фсымæртæ, хотæ мæ ’фсымæртæ. Махмæ уæлахиздзау хистæртæ, бирæ куы нал баззад. Куыд ма сын кæнæм дзæвгар азты уарзонæй мах лæггад. Хистæртæй махмæ цы фарн цæуы, уый у фыдæлты фарн. 4 128 ^
Сылгоймаг махмæ Сатанайау, хæссы бæркадджын арм. Фарнимæ ссарæнт сæ хæдзæрттæ, нæ чындздзон чызджытæ. Амондджын къах нæм æрбавæрæнт, нæ уæздан чындзытæ. Сабитæ хурæфсæст уарзонæй мадæлтæн байрæзæнт. Фæсивæд хайджын уæнт амондæй, бирæ сын бантысæд. Мыггаг домбай у хæрæфырттæй æмæ сæ буц дарæм. Амондæй хайджын нæ туг, не стæг, арфæ сын ракæнæм. Иумæйаг махæн нæ цинтæ дæр æмæ нæ сагьæстæ. Се ’ппæты цæрæнбон бирæ уæд, фидар нæ къабæзтæ. 5 Заказ №1641 -З^ 129 $*
#: Ж(Е,* #<*ь * КУЫВД Лæгты дзуар, баххуыс кæн, Кувын дæумæ, Ахæм бон никуы уыд, Ма скувон дæм. Ме ’ууæнк мын Ма фæсай, Баххуыс мын кæн, Бахъахъхъæ курын, Мæ мады зæнæг. Калын мæ цæссыг, Æдзух ын тæрсын, Уæд мын уæлахиз, Ма фæкæлæд... 4 130 -^
^ #|Й^ #^ ц^ * * * Æз ыссардтон мæ амондмæ Уыцы-иу нарæг къахвæндаг Æмæ дын ыл фæхæрд кодтон, Фæлæ айнæгæй асхъиудтон. Зæрдæ, зæрдæ куыд хивæнд у, Нæй йын басæттæн ницæмæй. Уымæ разынди фаг тыхтæ Æмæ рабадти дæлдзæхæй! Зæрдæ алкæддæр уарзтмондаг, Уый нæ фæразы иунæгæй. Уарзты мастæй æфсæстæй дæр Никуы бафсæст йæ рæвдыдæй... О тæхудиаг, чи вæййы Уарзты амондæй арфæгонд, Фæлæ ахæм нæма федтон, Кæд ын зонгæ нæу уарзты ронг. О, фæлтау зæрдæ аскъуынæд, Кæнæ басудзæд фыруарзтæй. Цæмæй иугай æнæудтау, Макуы базона уарзты ад. Æз ыссардтон мæ амондмæ Уыцы-иу гыццыл къахвæндаг Æмæ та йыл фæхæрд кодтон... Цæй фæрæстмæ уæд ацы хатт! * $Г 131 -ф
# Ц^ #(^ ф * * * Базыдтон, базыдтон уарзт, Хур мыл куы ракаст æваст. Уый мæм дæ цæстытæй каст, Æмæ мыл бандзæрста арт. Хурæй куы ’мбæхсай дæхи, Чи ма дæ батавдзæн уæд. Амондджын хонын мæхи Демæ кæмæн у йæ цард. Хъахъхъæнын дæ цæстæнгас, Уый у мæ амондæй дзаг. Никуы мæ амбæхст дæ каст, Цыма мæ айдæн у раст. Уазал нæ вæййы мæнæн, Тавы дæ цæстыты рухс. Царды фæндæгтыл æнгом, Алкæд мæ фарсмæ цæуыс. Хурты хур дæ цæстæнгас, Ма мын æй, ма мын æй байс, Уарзын дæ мæ уды йас, Æмæ мын мæ уд дæр айс! ^132-#
^ #|&* #(#^ 7$ БАТРАДЗÆН Æфтыдтай мæ-иу зарыныл, кæддæр. Нæ æфсæстæ мæ зарæгæй, уæддæр, Дæу бафæндыд — ныууадзон æй дзæгьæл Æмæ мæ зарæг аскъуыди. Цæмæн? Ды мын дзырдтай: куы уарзтаид уый дæу, Уæд никуыдæр æрхастаид æндæр... Æмæ мæ зæрдæ басыгъди æгæр, Йæ æртхутæгыл нал бануæрст цæхæр. Ды мын дзырдтай: ды рог удтæй нæ дæ, Дæ фыстыты бæрæг зыны дæ фæнд. Ныр нал зарын, ныр нал уарзын, фæдæн Мæ хъæлдзæг цард, æмгарæн дæр цымыдисаг нæ дæн! Æз аргъ кодтон дæ ныхасæн кæддæр, Фæлæ мын абон хорз хистæр, кæм дæ? Хæстæгдзинад, æмгардзинад — хæрзтæ, Ды уыдонæй ысуæгъд кодтай мæн дæр?! 4% 133 #
-^ ЗД4&* #<4^ # ÆФСЫМÆРÆН Хур дæ æнæвгьау куы судза, Мæй дын дæ хуыссæг куы сура, Уарын дыл сонтæй куы ’рцæуа, Искуы дыл уазал куы ’ртыхса. Алцæмæй дæр дын тæрсын, Зæдтæн лæгъстæтæ кæнын. Кувын æдзухæй æргом, Иунæг Хуыцаумæ дæуæн. 4~134#.
ИЗ СБОРНИКА «ÆРГОМ НЫХАС» ПЕРЕВОД Л. СТОЛОГОРОВА * * * Я не вспахала поля по весне, Теперь углы мои холодны и пусты. Не прорасти зерну в моей земле, Боюсь я приближения зимы. О осень! Дай душе моей покой, Укрой меня багряною листвой, Пусть жизнь моя сгорит с листвой до тла, Все лучше, чем убьет меня зима. Щ 135 #
■ф Щ^^ #<& ~-ф. * * * Я сердцем чую новую весну, Но не могу перешагнуть ее порога, Взгляни же на меня, «Лови блесну», Ведь я любовь твоя, Надежда и дорога. Свои мечты, надежды и любовь Я в жертву принести Тебе готова. Горит над нами, Лучшая из звезд, «Сорви ее!» — Твержу тебе я снова. Удачу этот вечер принесет, И ты меня, как ту звезду заметишь, Она нас выведет, поднимет и спасет, Ты ею жизнь мою, неяркую, осветишь! 4 136-^
^ #{6* #(^ 1 ЛЮБОВЬ С недавних пор люблю я черный цвет, Мне от тебя и от него спасенья нет. Сквозь темень туч и блеск далеких гроз, Я вижу черный цвет твоих волос. С недавних пор я черный цвет люблю, От боли сердце ноет — я пою, Сквозь яркий свет погожих майских дней, Мне видится изгиб твоих бровей. С недавних пор лишь черный цвет мне мил, Меня влечет он без руля и без ветрил. Мне не заменит блещущий алмаз, Зовущий омут милых черных глаз. Мое несчастье, радость, моя боль! Ты ранам сердца словно соль. Скажи, ответь, любимая моя, В какие от тебя бежать края. Марш 2010 г. Щ 137 #*
^ Ща^ #$* # ДОЖДЬ Я пою и танцую с дождем, Небо стонет, а мне нипочем, Лей сильней, милый дождь, лей сильней, Смой прошедшее с жизни моей. Я лицо подставляю дождю, Капли ртом я ловлю и кричу, Небо хмурится, буйствует гром, Не нужны мне ни крыша, ни дом. Мне ни крыша, ни дом не нужны. Смой прошедшее с грешной судьбы. Помоги мне печаль утопить, Научи меня снова любить! 2010 г. *у$ 138 -^
# #{Ь* #^ ^ * * * Соблазны рвут коней моих поводья, Ну сколько можно их держать в узде. Моих фантазий диких половодье Я сдерживаю, как быков в ярме. Но ты, который мне все снится, Увижу наяву я наконец, Моих фантазий станет колесница, Падет с главы терновый мой венец. Вдохну ее в себя я полной грудью, И призраки холодные падут, И реки нашей жизни многотрудной, В одну сольются, и все препятствия снесут? Март 2010 г. Щ 139 #
# #|К^ #г^ ОСЕНЬ Деревья без стесненья Оголились. На землю скинули скорей — Свои одежды. Любовным ожиданием Налились В ветвях-руках и гордость И надежды. И ждут они уставившись На небо Объятья ветра, поцелуев Снега. И будут ждать любви, как манны С неба, Уснувши до зеленого Побега. Март 2010 г. 4' 140 -&
^ #|&^ #^ ^ * * * Закрывает зима Предо мной все дороги, Замерзает весна Под метелью тревоги, Леденеет окно Под моим стылым взглядом, Стынет сердце мое, Под судьбы снегопадом. Ну когда же весну Приглашу я на танец? Когда песню мою Отогреет румянец? Разрывается грудь От неслышного крика — «Сгинь же зимняя муть, От весеннего блика!» Март 2010 г. % 141 #
Ць *|6* #^ * * * Я даже воду не пила, Не вспомнив о тебе. И мнилось, лучшего вина Уж не отведать мне. Из всех живущих на земле, Был самым лучшим ты. Теперь я плачу по тебе, Глаза твои мертвы. Теперь уже не слышать мне Твоих шутливых слов, И не побыть наедине В плену твоих оков. Как вспомню имя я твое, Так вижу смерти пасть, Мечтаю кинуться в нее И разом в ней пропасть. ^142 $>
^ Щ^^ #(4^ ^ * * * Дождь стучит в мое окошко, «Любишь, любишь!» — говорит. Дождь стучит в мое окошко, Много думать не велит. Осень ноет, стонет, плачет, Но я слышу лишь тебя. Дождь опять меня задачит — Почему же я одна? Если дождь тебе преграда, Как мала твоя любовь! Как подумаю об этом, Сразу холодеет кровь. Дождь стучит в мое окошко, «Любишь, любишь!» — говорит, Дождь стучит в мое окошко, О тебе забыть велит... -# 143 #
^ #ЦкФ #(^ ОДИНОЧЕСТВО Когда я встретила тебя В осенний вечер, Дождь лил как будто из ведра Тебе на плечи. И на душе и под зонтом Сплошная слякоть, И мне хотелось с тем дождем О чем-то плакать. И мне хотелось по руке Тебя погладить, «Куда?!» — сказала я себе, Да разве сладить! Ты весь промйк, ты весь продрог, Вдруг захотелось Тебя позвать на свой порог, Но где же смелость! И тронул щеки мои вдруг Густой румянец, Я поняла — в своем дому Ты постоялец. Твоя постель и очаги, Как лед холодны. Душа и сердце от любви Всегда свободны... «й^г 144 ~|^
^ ЩЦ-Ф. #^ ^ ОСЕТИЯ Под небом чуждым, под чужой звездой, Пишу тебе стихи при лунном свете я. Ты очень далека, но ты со мной — В душе моей, о мать моя, Осетия. В душе моей остались навсегда Твои обычаи, и крепче нет опоры, В чужом краю мне не страшна беда, Меня, как крепость, защищают наши горы. % 145 К^
^ #(К* #(^ ^ ЗАЧЕМ?.. Зачем Всевышний, дав талант и душу, Лишил меня телесной красоты? Ну что же, божьих я законов Не нарушу, Кому колючки, а кому, видать, цветы. Душе и телу не достигнуть сходства, Гармонии природе не видать, На ту, что очень хочешь скрыть, Уродство, Ты ставить должен Красоты печать! 4' 146 ^
^ Щь& #^ ф СОЖАЛЕНИЕ Мои стихи рождаются спонтанно, Не нравятся? Я их убью, изволь. Стихи мои, но все же очень странно — Я рву их и не чувствую их боль. Ворчу порой, перо на стол бросаю: «Да разве ж вы стихи? Галиматья!» Но, поостыв, прекрасно понимаю, Ведь вы мои, ведь вас писала я! Была я молода, тоски не знала, И были вы звонки, прямы, чисты. Теперь же голова седою стала, И я лишь слезы лью на белые листы. % 147 #
^ Щ^-^ #(^ ^ СТРОПТИВАЯ «Люблю!» — Я про себя шепчу, А вслух надменно: «Прочь!» «Люблю!» — В подушку я кричу, Прогнав с порога в ночь. Люблю, но из твоей руки Зерна не смею взять. Люблю и сохну от тоски, Но как о том сказать? Люблю! — Но от тебя стремглав, Как от чумы бегу. Люблю! — Но свой строптивый нрав Сломить я не могу. Люблю тебя, Но вновь и вновь, Пинками прочь гоню. А в венах пульсом бьется кровь — Люблю! Люблю! Люблю! <$г 148 ^
^ Щфь* #(^ К^ ПЕСНЯ Расстоянье между нами, как от лета до зимы, Как дойти, не знаем сами, ни дороги, ни тропы. Между нами нет дороги — все пути заметены, Если кто-то на пороге, то другому нет пути. Разве можно незаметно друга милого любить? Если любишь безответно, сердце можно отравить. Кто не любит, не считает звезд в безумной тишине. Кто не любит — прозябает в беспросветной нищете. Сколько это длиться может, сколько нам друг друга ждать? Нас любовь тоскою гложет, сколько нам еще искать, Ту неблизкую дорогу, ту, что вместе нас сведет, И к единому порогу рано ль, поздно ль, приведет. $Г 149 ^
Вот опять весна настала, распустились все цветы. Власть зимы морозной пала, но не вместе я и ты. Между нами путь желанный, иль невиден, иль пропал. Снова встречи ждем как манны, кто же нас заколдовал? Март 2010 г. *щ 1 Оч/ -^>>л
^ Щь^ #^ ^ ГРУСТЬ Из окошка на дорогу Я гляжу опять. Надоела, видно, Богу, И чего мне ждать? Нет друзей, со мной остался Только пола скрип. От людей мне лишь достался В горле горький всхлип. Сердце кровью обливалось — Где же вы, друзья? И теперь со мной осталась, Лишь моя семья. Я опорою для дочек Буду каждый день. Ведь для деток, как цветочек, Даже мамин пень! Щ 151 #
^ ЩЦ^ #(^ Щ& ЛЮБОВЬ Даже в снах теперь не забываюсь, Снится мне измена. Ты прости! Каждый день забыть тебя стараюсь, Сколько ж мне печаль свою нести? Мое сердце на кусочки рвется, Я не знаю как ты, где ты, с кем?! Что еще мне пережить придется, Коль не любишь, так уйди совсем. * # * И друзья и мысли растерялись, Некому и незачем звонить. Лишь печаль и палка мне остались, Сколько и куда еще плестись? Сколько и куда? Короток, длинен Будет путь мой? С кем-то иль одна? Будет ли когда-то он осилен? Или век мой палка да сума? Щ- 152 -&
^ ща^ ##^ >^ ДВЕ ДУШИ То разжигаешь мой костер, А то залить спешишь. То рвешься в наш любви шатер, А то, вдруг прочь бежишь! То как «аленький цветок», Сверкаю от любви, То еж, свернувшийся в клубок, Злюсь! Дохну от тоски. Мы словно камень и коса, И как нам дальше быть? Не может, видно, и роса Без солнца дня прожить! * * * Где же ты «счастливая лошадка», Рядом ли, а может вдалеке? Жизнь моя без счастья, ох, не сладка. Я все жду, что ты поможешь мне. #153^
^ #(Й,# #$* ^ ВЕТЕР Горный ветер снова выдул Из души моей печаль. Сдул того, кого любила, Что прошло, того не жаль! Горный ветер! Ты беспутный! Грудь целуешь и лицо, Только вряд ли мне подаришь Обручальное кольцо. Всем ты даришь без разбора, Теплый воздух в октябре, От тебя одна угроза, Нет доверия к тебе. Следом за тобой примчатся Вихри и уйдет тепло. Очень даже может статься, Ты с зимою заодно! Горный ветер, ты играешь, В поле листья теребя, Снова ты меня ласкаешь, Все же не гоню тебя! *|-154 ^
СОДЕРЖАНИЕ «Фæззæгæн йæ къæдзилыл хæцын...» 3 Нафийы Сырдонмæ 4 Мæ хæлар 5 Фæс «Гамлет» 6 Бибо 7 Куыдз 8 Уыг 9 Дидинæг 10 Хæдзар 11 Мæ гыццыл Ир 13 Къоста æмæ Аннæ 14 Бæласы фæсмон 15 Ханты цагьдмæ 16 «Бонтæ мыстытæ...» 16 Æмгары хъыг 17 Æмгар 19 Æрæджиауы уарзт! 20 Мады амонд 21 Замирæт 23 ’ . Эпитафи 23 «Никæй бынатмæ бæллын...» 24 Халæттæ .* \ 25 Æнæ хур 25 Мæ зынгхуыст хо Фатимæйæн 26 Оххай, кæм дæ? 27 Хуыбсцты Юрæ 28 Цъити 29 «Цины æмдзæвгæтæ нал гуырынц риуы...» 30 -*Й 155 ^
Цы ма кæнон? 31 Уалдзæджы цин 32 Ирон кафты ныууагътон уын мæ уд 33 Сæфт уарзт 34 Дызæрдыгдзинад 35 Мадмæ! 36 Хъæбулмæ! 37 Аивад! 38 Этюд 39 Алан 40 Авдæны зарæг 41 Куывд 42 Куывд æрдиаджы къулы раз! 43 «Дæ мард фесæфа...» 44 «Кæм дæ, мæ амонд?..» 44 У арзт 45 Хæхбæстæ! 45 Хъысмæт! 46 Фарн! 47 «Мæ фыны дæ куы нæ уынин цымæ...» 47 «Цал æмæ цал азы...» 48 « Стъалытæм нæ сæххæсдзыстæм иумæ...» 48 «Æз хурбон нс ссардзынæн аууон...» 48 Кочысаты Мухарбегæн 49 Сайæг 49 «Ныр цал азы дæ фæливæн ныхæстæй...» 50 Бæгъиаты Алан 51 Баст цæргæс 52 «А уалдзæг дæ уарзтмондаг æнгасæй...» 52 «Мæхицæн адджын...» 53 Катай 54 Актер 55 <$ 156-&
Уымæн рох кæнæн нæй 56 Уарзондзинады зарæг 57 Афон 58 Ирон фæндыр 59 «Цымæ æз та цæй монцæн судзын уарзтæй........ 59 Уалдзæджы къæсæрыл 60 Гуыриаты Аланæн 61 Мæ мад 62 Адæмы сæфт 63 Сындз 64 Оскар 65 Дзаболаты Хазби 65 Кæрты бадæг зæронд устытæн 66 Ирон чызг .; 67 «Æз гæххæттыл æрæвæрдтон мæ уд...» 67 Мæ Ир 68 Автопортрет 69 Мит 70 Мæ горæт 71 Æлборты Феликсæн 72 «Кæд ру^ас дæ» 73 Марат æмæ Лянæ 74 Аргъау....: 75 «Куы мæ уарзтай...» 77 Дзуццаты Сосланген 79 Азтæ 80 .«Байстай мын мæ уалдзæг...» 81 «Æз хъама нæ хæссын...» 82 «Разынди мæ уд фæразон........ 83 «Сабидуг адджын у...» 84 «Сæхгæдтай дæ зæрдæйы дуар...» 85 «Æз æххæссын стъалытæй уæлдæр...» 85 ^ 157 #
«Фæдисы бæсты сусæгæй дзурæм...» 86 Беслæн 87 Мæ Иры хъыг 90 Сау сентябрь 91 Æлбегаты Тимуры зарæг 93 «Хæхтæ æруагътой сæ сæртæ...» 94 Беслæны уæлмæрдты 95 Амонд 96 Икъаты Мæирбеджы монолог 100 Уарзты зарæг 102 Хаджеты Таймуразы ныхас кæстæртæм 103 Хæфс — паддзах 104 Æнкъард хъуыды 107 Къесаонты æфсымæрты зарæг 108 Фæззæг : 110 Джаз! 111 Зымæджы аргъау 112 Сусæг уарзт 113 Кæм дæ? 114 Кафæг , 115 Сæрдыгон къæвда 117 Æз уарзын 118 «Нæ мæсгуытæ дзæгъæл...» 119 Ма кæн æнкъард 120 Вальс 122 МæИр 123 Бæрæгбоны зарæг 124 Мæ хæрæфырт Чеджемты Вадимы цыртыл 126 «Куы мæ амбæхсой уылæнтæ сæ бтлны...» 126 Чьшдздзон чызджы хъынцъым 127 Мыггаджы зарæг 128 Куывд 130
«Æз ыссардтон мæ амондмæ...» 131 «Базыдтон, базыдтон уарзт...» 132 Батрадзæн 133 Æфсымæрæн 134 «Я не вспахала поля по весне...» 135 «Я сердцем чую новую весну...» 136 Любовь , 137 Дождь 138 «Соблазны рвут коней моих поводья...» 139 Осень 140 «Закрывает зима...» 141 «Я даже воду не пила...» 142 «Дождь стучит в мое окошко...» 143 Одиночество 144 Осетия 145 Зачем? 146 Сожаление 147 Строптивая 148 Песня 149 Грусть 151 Любовь 152 «И друзья и мысли растерялись...» Г 152 Две души 153 «Где же ты «счастливая лошадка»...» 153 В стер 154 *к 159 #
Литературно-художественное издание ХАДИКОВА ФАТИМА БОГАТСТВО ДУШИ Стихи Художник В. В. Федорченко Технический редактор Б. Т. Бесаева Компьютерная верстка Ю. О. Федорова Подписано в печать 23.08.13. Формат бумаги 70x90 Ч . Бумага офс. № 1. Гарн. шрифта «АЕ КиёгазЬоу». Печать офсетная. Усл.-печ. л. 5,85. Учетно- изд. л. 4,73. Тираж 300 экз. Заказ № 1641. Отпечатано в ОАО «Издательско-полиграфическое предприятие им. В. Гас- сиева». 362021, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16. Тел.: 76-81-97.1рр@Ьо1Ьох.ш.