Author: Хъесаты В.  

Tags: пьесæтæ.  

ISBN: 5-7534-0825-7

Year: 2001

Text
                    (Хъесаты Валодя
Дзæуджыхъæу
«ИР»
2001


84 Осет Х-59 Хъесаты В. Х-59 Царды хос: Пьесæтæ. - Дзæуджыхъæу. Ир, 2001 - 335 ф. Кесаев В.А. Эликсир жизни. Пьесы. В сборник "Царды хос" ("Эликсир жизни") вошли избранные пьесы, написанные автором в разные периоды его творческой деятельности. В произведениях ярко покаэан целый ряд образов и характеров наших современников, достойных продолжателей традиционной культуры, обычаев, обрядов, духовных и нравственных ценностей осетинского народа, а также их антиподов. х 470259203-5 10,01 84 0сет М131(03)-01 © Кесаев В.А., 2001 15ВЫ 5-7534-0825-7 © Джикаев М.Ф., оформление, 2001
ЦАРДЫ ФАРН ÆМÆ ДУДЖЫ РÆСТДЗИНАД Царды фæндагыл кæд исчи сыгъдæг зæрдæ æмæ раст зондахас- тимæ фæцыдис, уæд уыдонæй иу у Хъесаты Валодя. Райгуырдис Вало- дя 1932-æм азы Хурхæтæны мæйы 15-æм бон Цæгат Ирыстоны Ногиры хъæуы. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ссис Хетæгкаты Къос- тайы номыл пединституты историон-филологон факультеты студент. 1958-1960 азты куыста Нартыхъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæ- гæй. 1962-1974 азты Горæтгæрон районы партийы райкомы инструкто- рæй агитаци æмæ пропагандæйы хайады сæргълæууæгæй, партийы райкомы дыккаг секретарæй. 1974-æм азы нысангонд æрцыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры директорæй æмæ йын разамынд лæвæрдта 1979-æм азы кæронмæ. Дыууæ азы (1979-1981) бакуыста партийы обкомы мыхуыр, телеуынынад æмæ радиойы секторы сæргълæууæгæй, агитаци æмæ пропагандæйы хайады сæргълæууæджы хæдивæгæй (1981-1982), пар- тийы обкомы фыццаг секретары æххуысгæнæгæй (1982-1985). 1985-æм азы нысангонд æрцыдис Цæгат Ирыстоны культурæйы министрæй æмæ дзы бакуыста 1988-æм азмæ. Уæдæй абоны онг та у республикæйы сæйраг газет "Рæстдзинад"-ы редактор. Хъесайы-фырт ирон культурæйы раз цы сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уыдоны тыххæй хорзæхгонд æрцыдис цалдæр майданæй, лæвæрд ын æрцыд Уæрæсейы Федерацийы культу- рæйы сгуыхт кусæджы кадджын ном. Валодяйы сфæлдыстадон дунейæн ис бирæ æвдисæнтæ — пье- сæтæ, уацаутæ, радзырдтæ, очерктæ, уацтæ, уацхъуыдтæ... Йæ аивадон уацмыстæ мыхуыргонд цыдысты журналты ("Мах дуг", "Фидиуæг") æмæ газетты ("Рæстдзинад", "Хурзæрин"). Хъесаты Валодяйы сфæлдыстадон дунейы ахъаззагдæр хай цы арæнтæй арæзт у, уыдонæй иу баст у драмон аивадимæ. Ирон театрыл Валодя иузæрдион уыдис æвзонджы бонтæй фæстæмæ. Студент уæв- гæйæ, активонæй архайдта драмкъорды. Пьесæтæ фыссынмæ бавнæл- дта, драмон аивады æмæ сценикон архайды сусæгдзинæдтæ хуыздæр куы базыдта, уæд. Тынг ын баххуыс кодта, ирон æвзагмæ зындгонд ав- торты пьесæтæ кæй тæлмац кодта, уый дæр. Бирæтæ дзы æвæрд æр- цыдысты ирон театры сценæйыл. Афтæ æрцыдис Валодя йæ хуыздæр пьесæтæи иу — "Царды хос" (1978) ныффыссыны зондмæ. Уым равды- ста нырыккон дуджы хъæууон царды ныхмæвæрд цаутæ: Æхсар æмæ Зæринæйы уæздан, тыхджын æмæ сыгъдæг уарзондзинад, фæстæзад зондыл хæст разамонджытимæ тох. Пьесæйы сæйраг мидис у ахæм: адæмæн сæ фидæн сæхицæй аразгæ у, сæ царды хос дæр ис сæхи къу- хы — йæ ном та хуыйны уыцы царды хосæн ног дуджы домæнтæм гæс- 5
гæ кусын. Адæмы хорздзинад кусæг лæджы удыхъæдæй кæны хъæздыг- дæр, цæлхдуртæ йæ нæ уромынц. Уыцы æууæлтæ æмæ миниуджыты фæрцы фæуæлахиз вæййынц Æхсар æмæ Зæринæйы рæстдзинад æмæ уарзондзинад. Йæ иннæ пьесæ "Хæххон зарæг" фыст æрцыд 1983 азы. Æвдыст дзы цæуынц, арæхстджын æмæ кадджын разамонæджы йæ бинонтæ сæ цæстфæлдахæн, æнæуаг æмæ хæлд митæй куыд фæхудинаг кодтой, уыцы хабæрттæ. Уыйадыл дæсны æмæ хъæппæрисджын адæймаг баз- зад æгуыстæй, фæлæ уæддæр йæ размæ цы стыр хæстæ æвæрд уыдис, уыдон йæ къухы бафтыдысты. Дард хæхбæсты сарæзта нырыккон куыстуат, аласта уырдæм йæ бинонты дæр, ныууадзын сын кодта се ’нæ- сæрфат митæ, æмæ сæ бафтыдта хъазуатон куыстыл. Кæддæры æдзæ- рæг хъæуы куыстуаты фæрцы ногæй райгуырди хъæубæстæ æмæ нæ ахуыссыд къонайы цæхæр. Хæдзарад стыр æфтиæгтæ дæтты адæмæн дæр æмæ паддзахадæн дæр. Хæххон хъæуы ногæй райгуырдис хæххон зарæг. "Цины цæссыгты" ныхæй-ныхмæ æрлæууыдысты дзыллæйы æвæрццæг æмæ æппæрццæг æууæлтæ. Чи дзы фæуæлахиз уыдзæн, уый стыр сусæгдзинад нæу. Афтæ зæгъæн ис пьесæ "Сау хохæй урс дур нæ тулы"-йæ (фыст æрцыдис 1987-æм азы) дæр. Хъесайы-фырт ам дæр дæсны пайда кæны аивадон ахорæнтæй. Фыдгæнæг ныййарæг йæ фыр- ты дæр бафтыдта хæлд æмæ æнæуаг митыл, йæхи къухæй йæ баппæр- ста фыдгæнджыты хъæбысмæ. Ацы пьесæ у "Цины цæссыгты" дыккаг хайы хуызæн. Ссæдзæм æнусы хæсты азар басыгъта зæххы къорийы хуыздæр хъæбулты. Адæм цагъды кæм не ’рцыдысты, ахæм бæстæ нал баззад. Хæсты цæхæр бындзагъд кæны сырдты æмæ мæргъты дæр. Хæстæн- дзарджыты ныхмæ сырдтæ адæмимæ куыд сыстадысты æмæ марæн- гæрзтæ аразæг ахуыргæндты фæдыл куыд зилынц, ахæм цаутæ æвдыст цæуынц пьесæ "Фæдис"-ы. "Борæхан æмæ Асæхмæты" ныхас цæуы уарзондзинады æгæрон æмæ æнæбын тыхыл. Дыууæ уарзоны сæ уар- зондзинады фæндагыл разындысты мæлæтæй тыхджындæр — ссардтой кæрæдзийы. Иннæ уацмыстæй уæлдай ам автор арæхстджынæй пайда кæны аргъауы мотивтæй. Иуактон пьесæ "Æфсинты маст" фыст у абоны цардыл. Æвдыст дзы цæуы царды æцæг хабæрттæ, — иу бинонты хуызæн хæлар æмæ уарзонæй цæрæг æфсинтæ сæ адджын цард куыд æрбайхæлдтой, уый. Æнамонд хабар фехъуыста сæ сыхы куырыхон хистæр æмæ сæ фервæ- зын кодта зындоны уацарæй. Дыккаг иуактон пьесæ "Хъæууон ныхас" дæр фыст у абоны цардыл. Ныхасы хистæртæ стыр мæты бацыдысты, сæ хъæуы кæстæртæй чидæртæ хъылма дымыны фæндагыл кæй ныл- лæууыдысты, давын æмæ марыныл кæй нал ауæрдынц, уый фæдыл. Рæ- дыд фæндагыл чи ныллæууыд, уыдонимæ ис Ныхасы лæгтæй иуы фырт. Хъæуы хистæртæ уый куы базыдтой, уæд æвæстиатæй уавæры бацы- дысты æмæ йæ фервæзын кодтой ронбæгъд царды уацарæй. Валодяйы сфæлдыстады иннæ къабаз та у прозæ. Валодя фыц- цаджыдæр, зындгонд у йæ радзырдтæй, фæлæ фæстаг рæстæг йæ хъус 6
æрдардта уацаутæ фыссынмæ дæр. Банымайæн ис уацау "Зæринджын" • Валодяйы егьаудæр æнтыстытæй иуыл. Ацы уацмыс ма нын иу хатт рав- дыста, йæ автор хæдбындур æрмдзæфы хицау кæй у, уый. Уацауы ар- хайд цæуы Ирыстоны хæххон хъæутæй иуы: дисыл нæ уый бафтауы æмæ автор Зæринджыны хистæрты ныхасы бадгæ куы февдисы, уæд нæм аф- тæ фæкæсы, цыма ивгъуыд æнусы бахауæм; фæсивæды тыххæй куы фæдзуры, уæд та абоны царды сагъæсты аныгъуылæм. Нæ рæстæг цы уацары бахаудта, уый нæ фæлвары æмæ фæлвары. Ахæм уавæры та бар-æнæбары дæр æрымысæм, китайаг æлгъыст: "Рацарæзты дуджы дæ цæрын бахъæуа". Хъесайы-фырт цыма йе уæны кæсы, арæхстджы- нæй æвдисы, æнæсæрфат дуджы бахауæг хæххон хъæу Зæринджыны цытæ æрцыд, уыдон. Уацауы æвдыст цæуы, фыдæлты уæзæгмæ фæса- рæйнаг æмæ бынæттон сæудæджергæнджытæ бирæгътау куыд лæбу- рынц, уый. Хицæнæй зæгъын хъæуы, автор йæ радзырдты цы аивадон мадзæлттæй пайда кæны, уыдоны тыххæй. Фыссæг цыфæнды темæ рай- халынмæ куы бавналы, уæддæр ын сæйраг свæййы мидисамад. Уый йын фадат дæтты йæ хъайтарты зæрдæты хъарм банкъарынæн. Хъесайы- фырты зæрдæбынæй агайы, архайды мидæг цы уагæвæрд бахауы, уый. Ахæм мидæнкъарæнты бындурыл фыст сты радзырдтæ-æцæг хабæрттæ "Джеоры хæдзар", "Дыууæ курдиаты" æмæ "Номхортæ". Æртæ уацмысы дæр дзурæг сты царды ахсджиаг фарстытыл (лымæндзинад, æгъдау- хæлд æмæ быцæудзинады ныхмæ)... Радзырдтæ адæймаджы зæрдæ æлхæнынц, сæ мидисы къуыбылой æдзухдæр дзыллæйы хъысмæты алыварс кæй зилы, уымæй... Æппынвæстаг, зæгъын хъæуы Хъесаты Валодяйы сфæлдыстады мидæг радзырды жанрæн цы ахадындзинад ис, уый тыххæй. Фыссæджы "Чысыл прозæйы" аивадон дуне уæрæх кæй у, уый фæрцы дзы æвдыст æмæ æвзæрст цæуынц абоны царды бирæвæрсыг хабæрттæ, æхсæна- ды ахастдзинæдтæ, адæймаджы æнкъарæнтæ æмæ æрдзы фæзындтæ. Уыцы мадзæлттæ кæм баиу вæййынц, уым та райгуыры Хъесайы-фырты прозæйы фæлдзусадон ахастдзинæдтæ автор æмæ йæ чиныгкæсджыты æхсæн. Хицæнæй æрлæууын æмбæлы, Валодя цы чингуытæ рауагъта, уыдоныл дæр. Хъесайы-фырт дæргъвæтин рæстæг фæкуыста бæрнон бынæтты æмæ йæ размæ чингуытæ рауадзыны хæс куы æвæрдтаид, уæд иу æмæ дыууæ нæ рауагътаид (цы рауадза, уый йæм алыхатт дæр уыдис). Фæлæ джиппы уадзыны бæрнон хъуыддагмæ касти бæрнон цæ- стæй. Суанг хуымæтæг хъуыддæгтæ дæр æвзæрста лыстæггай æмæ сын æрмæстдæр уый фæстæ уынын кодта мыхуыры рухс. Валодяйы раз- дæры чингуытæ фыст сты алыхуызон темæтыл, æрмæст культурæйы арæнтæй никуы ахызтысты. Йæ зонадон æмæ иртасæн авналæнтæ ирддæр æмæ æххæстдæ- рæй райхæлдысты йæ фæстаг куыст "Ирон цуанæтты æгъдæуттæ æмæ æвзаг", зæгъгæ, уым. Ирон цуанæтты æвзаг æмæ æгъдæуттæ нæ дзыл- лæйы зарджытæ, кæфтытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ базырджын ныхæстимæ иумæ ивгъуыдæй фидæнмæ хæссынц æмæ 7
хъахъхъæнынц тынг бирæ таурæгъон æрмæг. Уæды адæмы цардуаг, æх- сæнадон уагæвæрд æмæ нын монон культурæйы тыххæй æнæрлæугæ цы æууæлтæ, миниуджытæ, фæстиуджытæ дæттынц, уымæй дæр ар- фæйаг куыд нæ у Хъесайы-фырты зонадон куыст. Валодяйы чиныджы цы фарстытыл æмбæлæм, уыдонæн сæ фыл- дæр хай æмбырдгонд æрцыдис хæхбæсты мидæг. Уыцы хъæздыг æр- мæджы нын автор йæ развæлгъау ныхасы æргом кæны цуанæтты цард æмæ монон дуне незамантæй абоны дугмæ. Йæ бирæ азты фæллойæн ис стыр зонадон ахадындзинад, уымæн æмæ уый у фыццаг иртасæн куыст цуанæтты æгъдæугтæ æмæ æвзаджы тыххæй ирон адæмон сфæл- дыстады вазыгджын къабазы мидæг. Монографийы автор зонадон æм- вæзадыл æргом кæны иртасинаг æрмæджы мидæг, æвнæлд кæмæ нæ- ма уыд, ахæм фарстытæ. Уыдонмæ ахæссæн ис цуанæтты сæрмагонд æвзаг, дзырдуаты фонд æмæ адæмон сфæлдыстады хицæн хъуыддæг- тæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы темæйы тыххæй зонæм æрмæст- дæр дыууæ куысты: Цæголты Георгийы уац æмæ профессор Æлборты Барысбийы зонадон куысты къухфыст. Кæй зæгъын æй хьæуы, ахæм уавæры раст фæндаг ссарын æнцон хъуыддаг нæ уыдис. Æмæ уый хорз æмбæрста Хъесайы-фырт йæхæдæг дæр, æндæр æнæхъæн дыууис- сæдз азыл нæ ныддаргъ уыдаид йæ иртасæн куысты рæстæг. Валодя, ууыл сагъæсгæнгæйæ, æрцыд вазыгджын хатдзæгтæм, куыд комкоммæ йæ темæйы мидæг, афтæ цуан кæныны историйы фар- стыты дæр. Автор йæ ныхас райдыдта Нарты кадджытæй æмæ фæци ирон фысджыты сфæлдыстадыл, цуанæтты зарджытæ, сæ монон дунейы уагæвæрд æмæ æгъдæуттыл. Цуанæтты цард, æвзаг æмæ æгъдæугтæ цымыдисаг кæмæн сты, уыдонæн стыр æххуыс фæуыдзысты Хъесайы- фырты хатдзæгтæ æмæ йæ зонадон куысты кæрон цы литературæ лæ- вæрд цæуы, уый. Цуанæтты æвзаг æмæ æгъдæутты уæлдай ма Валодя Уæлладжыры æмæ Куырттаты кæмтты, Цъæйы комы æрæмбырд кодта æмæ ныффыста æмбисæндтæ, таурæгътæ — Санаты Семы царды ха- бæрттæ. Афтæ зæгъæн ис, зындгонд фыссæг, историк, этнограф, тæлмац- гæнæг æмæ ирон адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг Темырханты Со- сланы тыххæй цы зонадон-иртасæн куыст бакодта, уымæй дæр. Уый уыдис фыццаг мыхуыргонд æрмæг Сосланы тыххæй 1925 азæй 1990 аз- мæ. Уæдæ бузныджы аккаг куыд нæ у Валодя, сæ мыггаджы истори кæй ныффыста, уый тыххæй дæр. Ам дæр та автор хъæздыг æрмæджы (ар- хивон гæххæттытæ, зонадон литературæ, таурæгътæ, кадджытæ) бынду- рыл сахуыр кодта Хъесаты мыггаджы равзæрд ивгъуыдæй абонмæ. Уæдæ бындурон куыст ныффыста Хъесайы-фырт Ирон царды тыххæй дæр. Раздæр национ сценæйы райгуырдыл нымад цыдис 1935 аз, ома, фыццаг ирон студи Мæскуыйы театралон институг (ГИТИС) каст куы фæ- цис, уый... Хъесайы-фырты нымадмæ гæсгæ та — зынгæ раздæр. Ахæм барæнтæй Бердзенты æмæ Ромы театрты равзæрды историмæ куы æр- кæсæм, уæд сбæрæг уыдзæн, сæ театралон аивады равзæрдыл цалдæр мин азы нæ цæуы, фæлæ æрмæстдæр 300-400 азы. Уый та рæдыд у. 8
Иртасæджы фидар хъуыдымæ гæсгæ нæ рагфыдæлтæ Зилахары æмæ- æндæр рæтты цы дзыллон хъæзтытæ, кæфтытæ æмæ зарджытæ кодтой, уыдонæн сæ бындуры æвæрд уыдис театралон культурæ. Сæрмагонд ныхасы аккаг у Хъесаты Валодяйы аивадон публици- стикæ. Ирон адæмы æхсæнадон-политикон, аивадон-сфæлдыстадон царды тыххæй цы уацтæ, очерктæ, рецензитæ æмæ уацхъуыдтæ ныф- фыста, уыдонæн цалдæр ныхасæй аргъ кæнын куы сфæнд кæнæм, уæд нæ хатдзæг цыбырæй уыдзæн ахæм: хъæугæ бынаты — хъæугæ хъуыд- дæгтыл — хъæугæ ныхас. Æмткæй та сын схонæн ис РАЗАГЪДЫ ЛÆГТЫ ЦАРД. Йæ аивадон публицистикæйы хъайтартæ сты фысджытæ (Къоста, Шанаты Уари, Абайты Петыр), таурæгъгæнджытæ (Дзтиаты Ганиккæ, Мырзаганты Сахман), ахуыргæндтæ (Абайты Васо, Æлборты Барысби, Темырханты Сослан, Булацаты Хазби, Хадыхъаты Хадзымæт, Плиты Ди- митр), аивады дæснытæ (Тæбæхсæуты Бало, Галаты Барис), æфсадхон- тæ (Плиты Иссæ, Хетæгкаты Габо)... Валодяйы зонадон æмæ публицистон куыстыты тыххæй иумæйа- гæй зæгъын хъæуы, се ’ппæт дæр рæсугъд ирон литературон æвзагæй фыст кæй сты, уый. Нæ ахуыргæндтæй бирæтæн Хъесайы-фырт раст фæндаг бацамыдта, этнографи, æвзаг, литературæ, адæмон сфæлды- стад, аивад æмæ нæ дзыллæйы æгъдæуттыл мадæлон æвзагыл куыд фыссын хъæуы, уый. Дзырдаивады чи кусы, уыцы нывгæнæг хъуамæ уа цæстуарзон, кæннод чиныгкæсæджы (газеткæсæджы) зæрдæ никуы балхæндзæн. Уæлтæмæнад æмæ цæстуарзоны иудзинад авторæн фадат дæтты раст хатдзæгтæ кæнынмæ. Аивад æмæ царды фæлдзусадæй райгуыры хæ- дæфсарм адæймаг, курдиатджын фыссæг æмæ цæстуарзон редактор. ХОЗИТЫ Барис 9
ЦАРДЫ ХОС Дыууæактон пьесæ АРХАЙДЖЫТÆ: Æ х с а р — колхозы парткомы секретарь, 27 аздзыд. Хъасболат — колхозы сæрдар, 60 аздзыд. 3 а р е м æ — Хъасболаты чызг, фермæйы хицау, 25 аздзыд. Хъазыбег — партийы райкомы секретарь. X а з б и — астæуккаг скъолайы директор. Т е м ы р — колхозы сæйраг агроном. М и х а — зæронд лæг. Т а м а р æ — хъæусоветы сæрдар. Хъауырбег. М у с с æ. Г а ц ы р. Ш а м и л. Механизатортæ. Н а д о р æ т — хъугдуцæг. Залихан — хъугдуцæг. X æ м æ т — колхозон. Дзæнæтхан. Б а т ы р б е г. С о л т а н. Фæндырдзæгъдæг. Агитбригады уæнгтæ. Ю
ФЫЦЦАГ АКТ ФЫЦЦАГ НЫВ Ирон музыкæ. Хъуысы зарæг колхозон цардыл. Æмбæрзæн байгом. Зынынц кæрдинаг мæнæуы хуымтæ. Æрбацæуынц Хъасболат, Æхсар, Темыр, Хазби æмæ Миха. Хъасбо- л а т йæ армы тъæпæнтæй аууæрста мæнæуы æфсиртæ, сæ цъæмæлтæ сын афу кодта, уырзтæй сæ асгæрста æмæ сæ æркодта X а з б и й ы къухы. Хъасболат. Цæттæ у. Кæсын æм нал хъæуы. Тæк- кæ райсом райдайдзыстæм нæ бæрæгбон. Районы цæугæ Сырх тырыса хъуамæ баззайа нæхимæ. М и х а. Бæргæ, дæ фарны дзыхæй йæ куы зæгъис, фæ- лæ, дам, æм цыма ацы аз бирæ хъавджытæ ис. Т е м ы р. Ацы аз хуыздæр рæвдз стæм. Цæттæ сты тех- никæ, мустæ, хордæттæ. Мехотрядтæ хорз зонынц сæ пълантæ, сæ хæстæ. Хъасболат. Цал бонмæ фæуыдзыстæм карст? Т е м ы р. Дæс кусгæ бонмæ. Хъасболат. Уый бирæ у. Фондз, æхсæз бонмæ хъуамæ нæ хæстæ ахицæн кæнæм паддзахадмæ мæнæу дæтты- нæй. Æхсар, ды та куыд зæгьыс? Æ х с а р. Нæ механизатортæ цалдæрæй фæстæмæ ком- мунисттæ сты. Алкæмæн дæр æмбæрстгонд сты йæ хæстæ, соц- ерысы уавæртæ. Зонынц æй, фæсте чи баззайа, уыдон дæр рох кæй нæ уыдзысты. Транспорантæй, плакатæй, лозунгæй, газетæй иууылдæр цæттæ сты. Бауынаффæ кодтам: мæнæугæрдæнтæ райдайыны фыццаг куырис æркæрдыны бар Хъауырбегæн радтын. "Фыццаг куырисы" бæрæгбоны пъланмæ ма изæры иу хатт æр- кæсдзыстæм. Цины бæрæгбон, фæллойы бæрæгбонмæ рахон- дзыстæм æппæт хъæубæстæ. Хъасболат. Хазби, де скъоладзаутæ нын тынг хорз æххуыс бакæнынц мæнæуы æфсиртæ уидзгæйæ. Ацы аз дæр, кæд исты гæнæн ис, уæд нæм уæ хъус фæдарут. X а з б и. Иутæ дзы экзаментæ дæттынц, иннæтæ кани- култы сты, фæлæ алы комбайны фæстæ дæр æрвылбон æфсир- тæ уидздзысты дæс-фынддæс скъоладзауы ахуыргæнæгимæ. Мæхæдæг дæр-иу сæ абæрæг кæндзынæн. 11
М и х а. Хъасболат, ныр мæ ном куы аивин, уæд фендæр- хуызон уаин? Хъасболат. Æмæ дæ номыл нал æрвæссыс? Адæм дæ Михайæ зонынц, æндæр номæй цы кæныс? М и х а. Мæнæ та цыдæр нехотядтæ æрхъуыды кодтат æмæ сæ не ’мбарын. Т е м ы р. Нехотят нæ, фæлæ мехотряд, ома механизаци- гонд отряд, къорд. М и х а. Мехзвено, мехбригад, мехотряд — мæ сæр æй хорз нæ ахсы, цæмæй хицæн кæнынц? Зæронд нæмттæ нал бæз- зынц? Уæд æз дæр мæ ном ивгæ кæнын. Хъасболат. Миха, абон дæм уый тыххæй нæ фæдзырдтам. М и х а. Уæдæ мæм цæмæ фæдзырдтат? Æз мæ куыст хорз зонын — быдырон стан цæсты гагуыйау хъахъхъæнын, давæ- гæй йын тас нæу. Мæ топп ивтыгъдæй дарын. Хъасболат. Кæддæр-иу дæхицæй куы ’ппæлыдтæ, хæринаг кæнынмæ сылгоймагæй æгуыдзæгдæр нæ дæн, зæгъ- гæ. М и х а. Ныр дæр мæхи æххормаг нæ уадзын. Хъасболат. Механизатортæн дæ хæринаг кæнын бахъæудзæн. Бадихан фæрынчын, йæ бæсты кæй арвитæм, уый нæй. М и х а. Хынджылæг кæныс, æви? Æз мæхицæн хæринаг- гæнæг агурын, адон та мæ искæмæн хæринаг кæнын кæнынц. Зæ- ронд лæг дæн æмæ мæ ныхъхъуытты уадзут. Ау, иу идæдз ус сса- рын дæ бон нæу? Æз та ма дыл мæ зæрдæ дардтон... Хъасболат. Усгур зæронд нæ вæййы. Искуы дын идæдз ус дæр ссардзыстæм. Нæй гæнæн. Лæппутæ-иу дын ах- хуыс кæндзысты. Абон райс, цы дæ хъæуы, уыдон, мацы дæ фе- рох уæд. М и х а. Ай диссаг нæу, нæл дæ, сыл дæ, уæддæр, дам, фыркъайаг. Хъасболат. Баныхас кодтам. Цомут, фенæм иннæ хуымты дæр. Ацæуынц X а з б и, Т е> м ы р, М и х а. Фæцæуы Хъасболат дæр. 12
Æ х с а р. Хъасболат, гыццыл раздæр фермæйы уыдтæк. Кæй аразæм, уымæй зæгъын. Аразджытæй дзы иу змæлæг дæр нæй. Йæ алы фæрсты фæразил-базил кодтон, бирæ йæм фæкас- тæн... Хъасболат. Йæ проект зынтæй бафтыд мæ къу- хы. Аразджытæн дæр æй тыххæйты бахæссын кодтон сæ пълан- мæ. Æ х с а р. Æндæр проект дзы хъуыд бæргæ. Хъасболат. Ныр æмбис арæзт фæфæуы. Сæдæ мины уал ыл бахардз. Æ х с а р. Уæд та йæ ныууадзиккам бынтондæр. Хъасболат. Æз обкоммæ ссæудзынæн, цæмæй аразджытæн сæ гайкæтæ, куыд æмбæлы, афтæ баздухой. Æ х с а р. Хæрз дзæгьæлы, Хъасболат, нæ хъæуы. Хъасболат. Дзидза нæ фаг кæны. Æнæ хор, æнæ дзидза цæрæн нæй. Уыдон царды хос сты. Æ х с а р. Æрмæст хæрын æгьгъæд нæ уаид цæрынæн. Урсдоны дон нуазыны дон у. Æмбисонды дон. Зарджытæ йыл куы кæнынц. Хъасболат. Егъау фермæ уыдзæн, нæ районы ахæм нæма ис. Æ х с а р. Урсдоны былтæ. Диссаджы рæсугъд сæ скодта æрдз. Нывгæнæг дæр сæ не сныв кæнид афтæ. Сыгъдæг уæл- дæф, сатæг ран, бæлæстæ, нæудзар фæзтæ... Хъасболат. Дзидзайы пълан уæлдайджынтæй æх- хæст кæндзыстæм. Æ х с а р. Æвгьау у хуыдонæн. Агургæ æмæ æнаргæ бы- нат колхозонты сывæллæттæн пионерты лагерæн. Хъасболат. Фидæнмæ нын хъуамæ сцæттæ уа. Афтæ бирæ нæм уыдзæн хуыйы фыд æмæ йæ æлхæнæг дæр нал уыдзæн. Æ х с а р. Бацу райкоммæ, обкоммæ æмæ сын зæгь, нал, зæгь, аразæм Урсдоны был хуыты фермæ. Хъасболат. Хынджылæг алчи йæхицæй кæнæд. Æ х с а р. Зын у. Хуымæтæг фарста нæу. Рæдыд æрцыд æмæ йæ сраст кæнæм. 13
Хъасболат. Дæ ныхæстæй, куыд фæзæгъынц, мæ гал — æгæвдæс, мæ хъуг — æххормаг. Арæзтадæн бауромæн нæй, уый сабитæ куы æмбарынц. Рæстæг дæм æгæр аслам цæ- мæн у, цæмæн æй сафыс дзæгъæлы? Æ х с а р. Урсдон — æрдзы рæсугъддзинад, нæ дарæг. Хъасболат. Æндæр дæм кæд ницы ныхас ис, уæд цæугæ æмæ райсомы куыст кæн. Арæзтад æз райдыдтон, мæ бар æй уадз. Æ х с а р. Ды йæ райдыдтай, уромгæ дæр æй дæхæдæг бакæн. Хъасболат. Цæугæ, лæппу, куыд дын загьтон, нæ мæ фæнды тызмæг дзурын, хыл кæнын. Æ х с а р. Æз гæххæттæ бацæттæ кодтон колхозы, хъæусо- вет æмæ скъолайы номæй хицауадмæ, цæмæй нын бар радтой Урс- доны был хуыдоны бæсты пионерты лагерь саразынæн. Хъасболат. Исчи дæ ардаугæ скæны æнæпайда ны- хас кæныныл. Цалынмæ лæджы мастæй йæ хъуырмæ не схæццæ кæны, уæдмæ йын банцайæн нал вæййы: "уыцы фермæ, уыцы пълан", "уыцы фермæ, уыцы пълан". Цал хатты дын загьтон, мауал кæн сæ кой. Нæ нæ æвдæлы дзæгьæл дзырдмæ. Æ х с а р. Куыстытæ афонгай сты, нæй сын фæуæн, ивынц кæрæдзи. Цард та размæ цæуы æмæ нæ агуры ногдзинæд- тæ. Ды сахуыр дæ æнæ пъланæй кусын, дæ зæрдыл цы ’рлæууы, уый саразыс... Хъасболат. Маст, фыдбылыз агурыс дæхицæн. Дæ цард дæ хъуыры нал цæуы, бæлвырд. Фæлæ мæ ацы бонты не ’вдæлы дæумæ. Цалынмæ нæ байрæджы, уæдмæ дæ сæрæй ап- пар де ’дылы хъуыдытæ. Кус дæхи куыст, кæннод мæ куы зоныс. Хъахъхъæн... Ацæуы. Лæугæйæ баззад Æ х с а р. Зары. Æ х с а р. Урсдоны былыл сау фæрдыг, Бирæ дзы уымæн банызтон. Урс цонг дæ, рæсугьд, сауæрфыг Бирæ дæ уымæн бауарзтон... Æмбæрзæн 14
ДЫККАГ НЫВ Быдырон станы сæрдыгон агьуыст. Сырх хъуымацæй æмбæрзт даргь стъолыл газеттæ, журналтæ, чингуытæ. Къулыл — химæрайст хæсты фæй- нæг, йæ фарсмæ, чи сæ куыд æххæст кæны, уый бæрæггæнæн фæйнæг. Ло- зунгта^ плакаттæ. Сæрдыгон агьуыстæй цæрæн уатмæ цæуы дуар. Хъуысы хъæлдзæг музыкæ. М и х а рахызт мидæгæй йæ къухтæ йæ раздарæнæй сæрфгæ. М и х а. Хæринаг цæттæ нæма у, афтæмæй сæ ныртæккæ ардæм хъæуы. Æмæ сын цы кæнон — стан хъахъхъæн, хæринаг кæн. Бирæ, дам, не стут, сæрмагондæй, дам, уын хæринаггæнæг не ’мбæлы. Ома, лæвар хæринаггæнæг æмбæлы. Æмæ цы гæнæн и, æз дæр сæ æххормагæй куыд ныууадзон, сæ удæй арт куы цæгъдынц, уæд. Иу дзæбæх ус сын куы ссарин (залмæ). Сымахæй ничи сразы уаид? Æрбацыдысты механизатортæ. М у с с æ. Цы фæдæ, Миха? Сихор цæттæ нæма у, за- мманайы æххормаг стæм. М и х а. Ныртæккæ, ныртæккæ, мæ хуртæ, цæттæ уыдзæн. Уæхи уал ахсут, истытæ уал акæсут, ахъазут. Уæ къæхтыл дæр ма гуыбынтæ куы уаид... Заргæ, фæндырæй цæгъдгæ æрбацæуынц агитбригады уæнгтæ, æрбахастой рæсугъд арæзт къулы газет, библиотекæйы ног чингуытæ, цыдæр лæвæрттæ. Салам радтой, кæрæдзиуыл бацин кодтой. Механи- затортæ къулы газет айстой, сауыгътой йæ æмæ йæ цымыдисæй кæ- сынц. Б а т ы р б е г. Байхъусут, байхъусут! Сбадут, уæ хор- зæхæй иу чысыл, курæм уæ. Дзæнæтхан. Хъусгæ нæм бакæнут, хъаст-иу нæ ма кæнут. Солтан. Нæ агитбригады программæ уыдзæн хæрз цыбыр — нæ уæ æвдæлы, уый зонæм. Б а т ы р б е г. Абон уæ хъæуы уыд стыр бæрæгбон: фондз раззагдæр колхозонæн сæ хæдзæрттыл æнустæм фидар- гонд æрцыд мраморæй конд фæйнæджытæ. М и х а. Удæгасæй? 15
С о с л а н. Уыцы фондзæй иу кусы сымахимæ. Йæ хæдзарыл фыст æрцыд сыгьзæрин дамгьæтæй: "Ам цæры нæ колхозы сгуыхт колхозон Бæззаты Хъауырбег" (Къухæмдзæгьд). Дзæнæтхан. Зæрдиаг арфæ дын кæнæм, Хъауыр- бег. Нæ цæст дын уарзы ног фæллойадон æнтыстдзинæдтæ, æнæниздзинад æмæ цардамонд. Зæрдылдарынæн айс, дæ хор- зæхæй, нæ чысыл лæвæрттæ. Цæгъды цины музыкæ. Хъауырбегыл æрбастой чемпионы сырх лент, йæ уæлæ фыст "Сгуыхт колхозон", радтой йын чингуыты баст æмæ æндæр лæвæрттæ. Иуууылдæр ын арфæтæ кæнынц къухæмдзæгъди- мæ. Б а т ы р б е г. Хъауырбегæн нæ музыкалон салам йæ уарзон цагъдæй. Цæгъды фæндырдзæгъдæг. Рахизын кодтой Хъауырбеджы æмæ Дзæ- нæтханимæ уæздан кафт кæнынц. Рог кафтмæ Хъауырбег йæ бæсты рап- пæрста Солтаны. Б а т ы р б е г. Уæ хорз хабæрттæй бузныг стæм, рай- гонд. Уæ хуым фæвæййут æппæты разæй найгонд. Дзæнæтхан. Уæ колхоз уæд фæзминаг алкæд. Фыццаг бынат та уæд уæ хай. Б а т ы р б е г. Уæ кад бæрзонд бынæтты бадæд. Нæ зæхх уæм макуы уæд тæргай. С о л т а н. Фæлæ уын иу диссаг æнæ радзургæ нæй. Б а т ы р б е г. Уæ карстхуымты цыдыстæм ардæм. Цæ- уæм æмæ нæ хъустыл ауад кæуын æмæ дзыназын. Кæрæдзимæ бакастыстæм, фæйнæрдæм акастыстæм — никуы æмæ ницы. Цæ- уæм дарддæр. С о л т а н. Ноджы тынгдæр хъуысы кæуын, хъуысы нæ къæхты бынæй, зæххæй. Б а т ы р б е г. Æргуыбыр кодтам, ныффу кодтам цъæ- мæлты фæйнæрдæм æмæ сæ быны... мæнæуы нæмгуытæ! С о л т а н. Хуыссынц, мæгуыр æмæ хæкъуырццæй кæ- уынц. Дзæнæтхан. Куы сæ бафарстам, цæуыл кæут, цы кодтат, уæд нын загътой: "Мах нæхи фæцæттæ кодтам адæмæн кад æмæ лæггад кæнынмæ, уыдон нæ цъæмæлтимæ ракалдтой. 16
Ныр ам баззайдзыстæм, бамбийдзыстæм". Æмæ та ногæй нык- куыдтой. Сæ тæригъæдæй зæхх тъæппытæ хауы. Сымахмæ тæ- ригьæд нæ кæсынц? М и х а. Чи уыд уыцы дурзæрдæ фыдгæнæг? Б а т ы р б е г. Мах, дам, фестдзыстæм джебогътæ, ра- кетæтау стæхдзыстæм уæларвмæ, æмæ кæй аххосæй æмбийæм зæххы, уый сæрыл мæгуыры бон кæндзæни. С о л т а н. Стæй ма ноджы иу хабар. Дзæнæтхан. Уæ фермæйы абана ма саразут, аба- бау. Б а т ы р б е г. Исчи уыл фæхуддзæн. Алкæмæн æй дзурдзæн. С о л т а н. Хъугдуцæг фырмæстæй Нал кæсдзæн йæ цæстæй. Дзæнæтхан. Радзурут уæ сæрдарæн Радзурут уæ парторгæн. Се ’ппæтæн дæр радзурут. Б а т ы р б е г. Афтæ уæм нæ кæсдзыстæм. С о л т а н. Ног та уæм æрцæудзыстæм. Дзæнæтхан. Зарæг уыл скæндзыстæм. Б а т ы р б е г. Абон та сымахæн зарæм æмæ кафæм. Кафынц, зарынц. Б а т ы р б е г. Хорзæй баззайут, нæ зынаргъ хæлæрт- тæ! Дзæнæтхан. Хорзæй баззайут, фæллойы хъæба- тыртæ! Заргæ фæцæуынц. М и х а. Уæ рынтæ мæ уд бахæрæд, мах чи бахъæлдзæг кодта. Ш а м и л. Бузныг, стыр бузныг! Цæут нæм арæхдæр! /Енхъæлмæ уæм кæсдзыстæм! М и х а ацыд мидæмæ 2 Царды хос 17
Хъауырбег. Муссæ, уый дæ комбайн уыдзæн. Фæ- худинаг нæ кодтай. М у с с æ. Чи загьта? Цæмæй бæрæг у? Хъауырбег. Зилгæ йæм кæй нæ фæкæныс, уымæй. М у с с æ. Æз та, зæгъын, сымахæй кæйдæр комбайн ка- лы мæнæу. Г а ц ы р. Ныртæккæ йæ сбæлвырд кæндзыстæм æмæ мын сар дæ сæр кæндзæн. М у с с æ. 0, абоны бæллæх дæр мæн аххос скæнут. Ш а м и л. Цавæр бæллæх ма дзы уыд? М у с с æ. Стыр тохы æвдисæнтæ уыдзыстæм, иргьæвæ- гæн дæр нæ бауыдзæн йæ бон сæ баиргъæвын. Куыд бауæндыд æнæ сæрдары фенгæ уынаффæтæ кæнын, уæлдайдæр ахæм хъуыддаджы? Г а ц ы р. Парторгмæ дæр цыдæр бартæ хауы. М у с с æ. Йæ бартæ йын йæхи фæкæндзæни Хъасбо- лат. Г а ц ы р. Æхсар иугай гæрæхтæй чи фæтæрса, ахæм нæу. Æнæ ныфсæй нæ ныллæууыд цæхгæр йæхи фæндоныл. Йæ фæндон раст кæсы мæнмæ дæр — хуыздæр цы уа нæ колхозæн, гъе ууыл у йæ тох. М у с с æ. Кæсгæ-иу кæн, мæ ныхас дар дæ зæрдыл: раст уа, зылын уа — туг уардзæни йæ сæрыл. Мæ фыдгул ныр Хъасболы къухты бахауæд. Хъауырбег. Цæй, рагацау цы ’ртхъирæнтæ кæныс? Бæсты сæфт не ’рцыди, мыййаг. Цы бакодта фыдракæндæй Æх- сар? Цæй тыххæй йыл хъуамæ ныууара туг? Дæумæ, Муссæ, рæ- дыд кæсы йæ фæндон? М у с с æ. Мæнмæ куыд кæсы, уый диссаг нæу, фæлæ æз хорз зонын, Хъасболатмæ куыд фæкæсдзæни, уый. Хъауырбег. Паддзахадмæ æнæсыгъдæггонд мæ- нæу дæттын нæ уадзы, æз тынг разы дæн йемæ. Уæ мæнæу, дам, нæ бæззы, нæу сыгьдæг æмæ та дзы дæсгай-сæдæгай тоннæтæ не ’рцæуы нымад. Нæ тугвæллойæ! Рацыд М и х а 18
М и х а. Ныртæккæ, мæ хуртæ, ныртæккæ. Хæрз гыццыл мэ^æрмæст хæрз гыццыл. Зæгь-ма мын, Шамил, искуы федтай хæлынбыттыр? Ш а м и л. Бирæ хæттыты. Æмæ дæ цæмæн бахъуыд? М и х а. Мæ зæронд сæр æй нæ ахсы — куырм куы у, уæд талынджы куыд тæхы? Куыд ахсы зулчъытæ æхсæвыгон тæхгæ- тæхын? Куыннæ цæвы йæхи истæуыл? Дæуæн дæ цæстытæ ба- бæтт, уæд тæхгæ нæ — цалдæр къахдзæфы фæстæ зæххыл дæ тъæпп фæцæуид. Мæнмæ гæсгæ ам цыдæр сусæгдзинад ис, фæ- лæ цы уа, нæ зонын. Ш а м и л. Алы хатт нæ аргæвдыс дæ фарстатæй. Æххор- магæй дын чи ратдзæни дзуапп? М и х а. Уый талынджы дæр куы уыны, уæд сымах боны рухсмæ куыннæ уынут Æхсары хъуыддæгтæ? Гацыр, дæ комбайн сцалцæг кодтай? Г а ц ы р. 0, мæнæ мæм лæппутæ фæкастысты. Ног ивæнхæйттæ дзы сæвæрдтам. М и х а. Адæймагæн дæр ног ивæнхæйттæ куы уаид: зæр- дæ нал бæззы — аив та йæ нæуæгæй. Ахсæн, игæр, уыргтæ æмæ иннæтæ рæстмæ нал кусынц — сæ бæсты сын дзыхъыннæуджытæ авæр. Афтæ сæ ногæй-ногмæ ив æмæ ив. Г а ц ы р. Уæд лæг никуы амæлдзæн. М и х а. Æмæ кæдæм тагъд кæныс? Ноджы ма дзы цы хъæуы, уый уын зæгьон? Фыдгæнæг, давæг, марæг чи у, уыдонæн сæ сæры кæхцытæ фегом кæн, се ’взæр магьз сын акал, æмæ дзы рæстмæ чи куса, ахæм магъз нывæр. Зæххыл ахæстон дæр нал уаид, хæст нæ, фæлæ. Г а ц ы р. Бон-изæрмæ уыдон фæхъуыды кæныс? М и х а. Адæймаг артæй уæлдай нæу — артыл сугтæ куы- нæуал æвæрай, уæд хуысгæ кæны. Адæймаг дæр кусгæ, хъуыды куынæуал кæна, уæд уымæн дæр йæ зынг ахуысдзæн. Æмæ зæф- цы фыдæй хъуамæ ма ахуысса нæ зынг. (Миха ацæуы). М у с с æ. Хъасболат абон бацæттæ кодта рапорт: паддза- хадмæ мæнæу уæй кæныны пълан уæлдайджынтæй æххæст æрцы- ди, зæгьгæ. Ацыди элеватормæ цифрæтæ сбæлвырд кæнынмæ. Абон кæй æркарстам, уымæй æххæст кодта пълан. Райсомсарæй уым лæууы, æнхъæлмæ кæсы нæ машинæтæм, фæлæ дзы иу дæр 19
нæ фæзынд. Мæ цæстыл уайы, фыр мæстæй цъæх арт куыд уадзы. Афонмæ фæдисы цыд æрбакæны ардæм... Æз дис кæнын Æхсарыл — цæмæн фæци фыдзонд, фыдæздыхт? Кæмæй хæссы йæ ныфс, кæуыл дары йæ зæрдæ? Хъауырбег. Æхсары бынаты, чи зоны, æндæр йæ сæр уæлæмæ нал систаид уыцы æвирхъау бæллæхты фæс- тæ... Æртæ марды фæрсæй-фæрстæм куы рывæрдтой сæ хæдзары. Ш а м и л. Æртæйæ иумæ кæцæй фесты машинæйы, стæй, дам, шофыр расыг уыд, куы дзурынц. Хъауырбег. Æхсары фыд горæты заводы куыста. Хорз лæг уыди, хорз кусæг. Хæстæй цас хæрзиуджытæ схаста, уыдонæй фылдæр та райста заводы. Ш а м и л. Æмæ колхозы цæуыннæ куыста? Хъауырбег. Афтæ-иу дзырдта: æз, дам, иудадзыг куыст куынæ кæнон, уæд нæ фæразын, колхозы та, дам, куыста- фонæй-куыстафонмæ æгæр бирæ дзæгъæлы бадын хъæуы. Алы бон дæр сæ ластой горæтмæ æмæ фæстæмæ машинæйы. Ссæдз лæджы бæрц уыдысты нæ хъæуæй. Ш а м и л. Æхсары мад æмæ хо та уыдонимæ кæцæй фе- сты? X ъ а у ы р б е г. Йæ хо диссаджы зæрдæргьæвд уыд фæндырæй цæгъдынмæ. Радтой йæ горæты ахуырмæ. Иу бон сæ мад горæтмæ ацыд, балхæдта цы йæ хъуыд, уыдон, ракодта чыз- джы дæр каникулты рæстæджы. Сбадтысты кусджыты машинæйы. Уыд зымæгон хъызт изæр, уадтымыгъ. Цæстытæ къахта. Фæндаг бæрæг дзы нал уыд... Хидæй ахауд машинæ... Æвиппайды фæ- мардысты æхсæзæй... Ш а м и л. Цал аздзыдæй баззад Æхсар? Хъауырбег. Хæрз саби ма уыд. Сæ хæстæджытæ йæ кодтой сæхимæ, фæлæ никуыдæм акуымдта. Цард иунæгæй. Раст цыма фыдбон, фыдрæстæгæй йæ маст исынмæ цæттæ код- та йæхи — бацыд изæры скъоламæ, бон быдыры куыста, изæр та ахуыр... Фæци скъола, институт. М у с с æ. Æрбатæхы Хъасболат. Нæ мæ фæндыди ацы м’инут ам уæвын. Æсхъиуæццагæй лæг уæззау цæф дæр фæ- вæййы. 20
Хъасболат (мæсты уад æрбакодта, йæ фæстæ Те- мыр). Цы ’рцыди ам? Цы бæллæх ныл æрцыди? Цæуыннæ кусут? Сатæджы цы бадут? Цæуыннæ ласынц шофыртæ мæнæу? Æз сы- мах фæрсын? Къуырма стут?! Ш а м и л. Æхсæвы цъæхыл райдыдтам кусын. Сихора- фон у. Гыццыл нæ фæллад дæр суадзæм. Хъасболат. Уæ карст мæнæу цы фæци? Цæуыннæ йæ арвыстат комбинатмæ? Æви дзæгьæлы бадут абондæргъы? М у с с æ. Мах бæргæ кусæм, фæлæ Æхсар цæхгæр ныл- лæууыд, иу машинæ дæр нал ауагъта ласын. Хъасболат. Уый та куыд? Йæ сæры зонд фæцыд? Чи йын радта бар? Куыд æм байхъуыстат? М у с с æ. Æнæсыгьдæггонд мæнæу, дам, уын Хъасболат дæр нæ бауадздзæн дæттын, раздахдзæн, дам, уæ фæстæмæ. Мæнæу иууылдæр мусы калын кæны. Сыгьдæг кæнын æй райдыд- той... Йæхæдæг цыма горæтмæ фæцæйцыд. Хъасболат. Горæтмæ, горæтмæ! Йæ фыд дæр колхоз ныууагъта æмæ горæты смидæг. Æмæ дзы цы федта хор- зæй? — Æвирхъау мардæй амард. Цы домæн ис уымæн йæ фыр- тæй? Цы хорздзинадмæ йæм кæсон æнхъæлмæ фыдбылызы йед- тæмæ? Цыдæртæ уал архайы, стæй йæ фыдау горæтыл йæ тъæпп фæцæудзæн райсом. Ау, иу лæг уæ куыннæ сдзырдта йæ ныхмæ? Мæ бардзырд мын куыд аивта? Хицауадæн дзырд радтон — абон нæ пълан æххæст æрцæудзæни фылдæрæй. Цы цæсгом ма сæм равдисдзынæн ныр? М у с с æ. Æз ын бæргæ дзырдтон, фæлæ нæ байхъуыста мæнмæ. Куы радзырдта, цæй бæрц зиан хæссы æнæсыгьдæггонд мæнæу дæттын, уæд иууылдæр сразы стæм йемæ. Хъасболат. Æнæхъæн республикæйыл райсом хъуамæ айхъуыстаид нæ колхозы кадджын ном... Нæ бæсты ныр æндæрты кой кæндзысты, æмæ цæй тыххæй? Районы куы ничи уыд нæ разæй?! Æвирхъау знаджы ми. Æмæ чи разынд фыдгæ- нæг? Мæ хæдивæг! Нæ парторг! Хъауырбег. Фыдмийæн æй нæ бакодта Æхсар, фæндыд æй колхозæн пайдадæр куыд уа, афтæ. Æгæр зынаргь, дам, слæууы колхозæн йæ намыс, йæ кад. Дзæгъæлы хæрдзтæ тынг бирæ кæнæм. 21
X ъ а с б о л а т. Цы йын хъæуы, уый бакæндзынæн æз мæхæдæг. М у с с æ. Фыццаг хатт федтон парторг цæлхдуртæ æвæ- рæг, зыгьуыммæ зонд. Афтæмæй куыд кусæн ис парторгæй? Хъасболат. Нæ, Муссæ, кæд æм мæ маст рафыхт, æвирхъау ми бакодта, уæдцæр бынтон ахæм нæу. Куы мæм хъу- сид, уæд ахæм парторг никуы уаид. Хъауырбег. Хъасболат, мæстджын дæ, фæлæ дæ иунæг хатыр курын. Зоныс мæ — козбау митæ нæ хæссын æз мæ сæрмæ. Козбау митæ Æхсарæн дæр нæ кæнын, фæлæ нæ къух кæуыл сисæм, ахæм парторг нæу Æхсар. Г а ц ы р. Диссаджы адæймаг у, лæг æм хъусынæй не ’фсæды. Шахмæтты къорд дæр ма нæм сарæзта. Хъауырбег. Газеты нын иу хабар каст æмæ абон дæр мæ сæрæй нæ хицæн кæны. Т е м ы р. Цавæр хабар уыд уагæры? X ъ а у ы р б е г. Ис ахæм колхозтæ æмæ дзы иу ком- байнæй æркæрдынц мæнæу мин æмæ æрдæг гектарæй фылдæр. Хъауырбег. Мах та уый бæрц мæнæуы зæххыл фондз-æхсæз комбайнæй ахæц-ахæц фæкæнæм. Мæхимæ тынг æгад æркастæн... Хъасболат. Æхсызгон мын у уæ ныхас, нызмæлут, нызмæлут, баййафут сæ. Алцы дæр уæхицæй аразгæ у. Уыдонæй цæмæй цауддæр стут? Г а ц ы р. Мах нæхиуыл нæ ауæрдæм, фæлæ, Æхсары загъдау, уый æрмæст махæй аразгæ нæу. Куы мæнæуласæн ма- шинæтæ фаг нæ вæййы, куы комбайнтæ афоныл æмæ хорз цал- цæггонд нæ цæуынц, куы нæм артаг нал вæййы, куы нæм дон нæ вæййы, куы аразæн хæйттæ. Мæнмæ гæсгæ уыдон сты нæ колхо- зы разамонджыты аххос. Хъасболат. Бæлвырддæр ын зæгьæн нæй? Се ’ппæт куыд уыдзысты аххосджын. Г а ц ы р. Кæд ын æнæ зæгъгæ нал ис, уæд сæ æргом зæгьдзынæн, æрмæст уæм хъыг ма фæкæсæд мæ ныхас. Хъасболат. Зæгъ, зæгъ... Г а ц ы р. Фыццаджыдæр, дæу аххос, куыд колхозы сæр- дар, афтæ. Уый фæстæ та Темыры, куыд нæ сæйраг агроном, 22
стæй нæ инженеры аххос. Мæнæугæрдæнтæм хорз нæ бацæттæ кæнæм, стæй кæрдын райдыдтам, зæгъгæ, уæд сарæх вæййынц хицауад æмæ дæ фæрстытæй дæ хъуырмæ скæндзысты: "Цас æркарстат?" "Цас исут иу гектарæй?" "Куыд æххæст кæнут уæ пълан æмæ химæрайст хæстæ?", "Кæд фæуыдзыстут карст, кæд сæххæст кæндзыстут уæ пълантæ?" Фæлæ уæ афтæ ничи бафæр- сы: цы хъуаг стут, цы æххуыс уæ хъæуы, куыд у уе ’нæниздзи- над, куыд цæуынц уæ комбайнтæ? Хъауырбег. Нæ колхозы сæйраг агроном, сæйраг инженер, сæйраг зоотехник, сæйраг экономист, сæйраг ветери- нарон дохтыр æмæ бирæ æндæр сæйрæгтæ куынæ уаиккой, уæддæр нæ куыст нæ февзæрдæр уаид. Дæуæй, Хъасболат, цы фехъусынц, уый нын фæзæгъынц, æндæр сæ ногæй никуы ницы фехъусдзынæ. Йæхицæн фæрæты хъæд саразын чи нæ зоны, уый дæр дын искæмæн йæхи уæрдонгæнæг скæны. Уыдон цы митæ сты? Нæ сæ уыныс, Хъасболат, дæхæдæг? Т е м ы р. Исчи уын æррагæнæн хос бадардта? Сæйраг специалисттæ хорз, тынг хорз куы кусиккой, уæд та афтæ зæгьик- кат — нæ колхозы ма сæрдар цæмæн хъæуы, æнæ уый дæр куыст æвзæр куынæ цæуы. Хъауырбег. Кæстæртæ хъуамæ æввонгхортæ ма уой. Кæстæртæн дзурын цæмæн хъæуы рабад, дæхи ныхс, ахо- дæн бахæр, кусынмæ ацу. Хистæры дзыхмæ кæсæд, фæлæ йæхи- уыл сæр цæмæн æрзад? Т е м ы р. Мæлæты зондджын ныхæстæ нæ кæнут ацы фæстаг рæстæджы. Хъасболат. Нæ пълантæ ацы аз куыд æххæст кæ- нæм, цы ма уын дзырдта нæ парторг? Ш а м и л. Афтæ, дам, куы кусæм, уæд, дам, фидæнмæ ноджы фæфыддæр уыдзыстæм. Г а ц ы р. Уый уыцы хуызы нæ дзырдта. Хъуамæ, дам, мах рæстæгæн йæ разæй цæуæм. Адæм азæй-аз фылдæр исынц, мах та? X ъ а у ы р б е г. Æз мæхæдæг фехъуыстон, радиойæ æви телевизоры дзырдта иу ахуыргонд: фæсарæнты, дам, не ’фсымæрон бæстæтæй кæмдæрты мах тауинæгтæй иу гектарæй райсынц 100-110 центнеры мæнæу. 23
Г а ц ы р. Мах та 30-35 центнеры куы райсæм, уæд нæхи- цæй ныббуц вæййæм... Æдзæрæг хъæуы, дам, рувас æлдар. Хъасболат. Хъусут-ма, лæппутæ: дунейы уынаф- фæтæ уæхимæ куы райстат, уæд ма колхозы та чи кусдзæн? Уынаффæгæнджытæ бирæ ис, фæлæ механизатортæ фаг нæй. Г а ц ы р. Æхсары пълантæ æххæстгонд куы ’рцæуой, уæд нæ уавæртæ горæты цæрджыты уавæрты баййафиккой æмæ мæнæ Шамилау "горæт-горæт" ничиуал кæнид. Ш а м и л. Хъасболат, уæндгæ дæр дæм нæ кæнын, тыхст рæстæг у, механизатортæ фаг нæй, фæлæ дæм куырдиат ныффы- стон, цæмæй мæ суæгьд кæнай мæ куыстæй. Хъасболат. Мæн хъазынмæ не ’вдæлы. Цал бон- мæ фæуыдзыстут карст? Ш а м и л. Хъазгæ нæ кæнын, фидарæй сфæнд кодтон, нал ныллæудзынæн! Хъасболат. Ома куыд нал ныллæудзынæ? Уæдæ цы кусдзынæ? Дæ фæнычы картæфтæ ратул-батул кæндзынæ æви арахъдзуан зилдзынæ? Цытæ фæдзурут, ууыл-иу раздæр хъуыды акæнут, хъуыды. Ш а м и л. Æз ыл хорз ахъуыды кодтон. Хъасболат. Уастырджийыстæн, нæ механизаторты хуызæн иу ран дæр нæ исынц мызд. Ш а м и л. Дæхицæн уадз уыцы мызд, мæн ницæмæн хъæуы. Хъасболат. Уæдæ уæ цардæй хъаст кæнын худинаг дæр уаид. Ис уын æппæт уавæртæ дæр. Ш а м и л. Цæмæн мæ хъæуынц уыцы уавæртæ? Раст цы- ма ме уæнгтæ баст сты, уыйау мын фезмæлæн нæй. Ахст дæн æви? Хъасболат. Уыдзæн дæм алцы дæр, балхæндзынæ машинæ, ницы хъуаг уыдзынæ. Ш а м и л. Ницы мæ хъæуы, ныууадз мæ. Машинæйæ мæ асайынмæ хъавыс? Бафысс мын мæ курдиат æмæ ахицæн. X ъ а у ы р б е г. Нæ кады кой айхъуыст, газетты ныл фыссынц, уый ныллæууыд цæуыныл. М у с с æ. Ног трактор дын радтой æмæ йæ махæй ничи райста, Шамил кæстæр у æмæ йыл хъуамæ уый сбада, зæгьгæ, уынаффæ рахастам. 24
Ш а м и л. Æз уæ хъаст куынæ кæнын. Раст уæ мæхи æф- сымæртау уарзын, фæлæ мæ фæнд нал аивдзынæн. X ъ а с б о л а т. Æз та дын зæгъын, аивдзынæ йæ. Хуы- цауардыстæн, ардыгæй дæ къах дæр никуыдæм авæрдзынæ. Ш а м и л. Сымах мæн никуы бамбардзыстут. Зæгьут ма, цы у мæ цард? Цæмæн хъуына кæнынц мæ костюмтæ нæхимæ ауыгьдæй? Кæд сæ скæнон? Цы уынын цардæй ам? Куыст куысты æййафы, куысты бын фестæм. Мæнмæ та ис фæндтæ, пълантæ... Хъасболат. Абонæй фæстæмæ дæ уыцы ныхас куыд никуыуал фехъусон, афтæ. Аппар уыцы æдылы зонд дæ сæ- рæй. Ш а м и л. Курдиатæй мæ куынæ ауадзат, уæд закъонмæ гæсгæ дыууадæс боны фæстæ ныууадздзынæн мæ куыст. Г а ц ы р. Закъон, закъон! Лæгæн йæ цæсгом йæ закъон! Ис ма æндæр закъон дæр — лæг тынгдæр кæм хъæуа, уым хъуа- мæ куса. Уыимæ æфсарм, æмгардзинад... Хæсты заман дæр дæ хæцæнгарз аппардзынæ æмæ тохы быдырæй лидзæг фæуыдзы- нæ. Ш а м и л. Ныртæккæ, Гацыр, хæст нæу. Бахъуыды рæс- тæджы æз мæ сæр нæ бамбæхсдзынæн, мæ уд нæ бавгьау кæн- дзынæн... Сымах сахуыр стут къуыригæйттæ, мæйгæйттæ ам цæ- рын æнæ бинонтæй, æнæ сыхæгтæй. Мæнмæ та цыдæр бæллиц- тæ, цыдæр хъуыдытæ ис æмæ мын рæстæг нæй сæ сæххæст кæ- нынæн. Уыимæ ма бирæ бонты зæфцы фыдæй дзæгъæлы куы фæбадæм, уæд мæ зæрдæ фæцæйтоны. Хъасболат. Тыхсгæ ма кæн. Уæ уавæртæ, уæ фа- дæттæ уын фæхуыздæр кæндзыстæм кусынæн, цæрынæн æмæ ахуыр кæнынæн. Уыдзæн ахæм рæстæг... Дыууæ-æртæ бонмæ æнæмæнг хъуамæ мæнæу карст фæуæм. Тагъд кæнын хъæуы, къæвдайæ тæссаг у. Ды мын, Темыр ссар нæ парторджы. Æз ре- дакцимæ бадзурон, мыййаг, куы радтой уыцы рапорт... (Ацæуынц Хъасболат æмæ Темыр, рацæуы Миха). М и х а. Хæрынмæ, хæрынмæ рацæут! Ахæм хæринаг ни- куыма бахордтат. Йæ хуссмаг уæ былтыл нæ уайы? Хъауырбег. Цыдæр сыгъды тæф дзы кæлы. Цомут, абон æгæр ныффæстиат стæм. Миха, уый нын дæу аххос у, æн- дæр афонмæ кусиккам. 25
М и х а. 0, æндæрæбон цы диссæгтæ федтон, уыдон дæр мæн аххос уыдысты. Михайыл алцы дæр бады, Миха та йæ бау- ромдзæн. Хъауырбег. Миха, Миха, ма смæсты у, хъазгæ код- тон. Фæлтау ма нын радзур, цавæр диссæгтæ федтай? М и х а. Ацæут, бахæрут. Сымахæн* дзурын дæр ницы хъæуы. Хъауырбег. Цалынмæ нын уыцы хабар радзурай, уæдмæ иу дæр нæ бацæудзæн хæрынмæ. Ш а м и л. Миха, курæм дæ, лæгъстæ дын кæнæм. Г а ц ы р. Æххормагæй аздæхдзыстæм кусынмæ. М и х а. Исчи уæ куы феппæлы, уæд куы никуы загьтат, уый Михайы фæрцы фæразæй стæм, зæгъгæ. Æндæрæбон Чъеуы хъæуы зианы фæдыл сæмбæлдтæн. Сæ уынгты ацæуæн нæй — хуытæ дзы уæрмытæ скъахтой. Тынг бирæ адæм æрæмбырд зиан- мæ. Зиан рахастой, уæдæ цы уыдаид, æмæ цæуæм уыцы цъыф уынгты. Хурварс, каурæбынты хуыссыд бирæ хуытæ, хъыбылтæ æмæ сæ гуыбынтæ хурмæ тавынц. Иу дынджыр нард дзæргь та йæхи ауагьта арф цъыфы астæу æмæ фынæй кæны, адджын фы- нæй. Куыддæр йæ цурмæ бахæццæ стæм, афтæ дын оркестр куы ’рцæгъдид. Гъæйдæ-мардзæ! — хуытæ фæтарстысты, хæрдмæ фæхаудтой æмæ алырдæм лидзынц хъох-хъохгæнгæ. Дзæргъ дæр ныффуттытæ кодта æмæ йæ цъыф фæйнæрдæм калгæ адæмы ас- тæу смидæг, йæ сæр мæрдцзыгойæ иу лæджы сагæхты фæцавта æмæ йæ дæлæ фескъæфы. Йе ’мбæлттæй иу иннæйы фæрсы: Тæмæт цы фæци, Гæмæт?" "Нæ зонын, кæд дзы исты ферох. Ам иу дзæргъыл абадт æмæ, дæлæ мард кæцæй рахастам, уырдæм фæтæхы", — дзуапп ын радта иннæ. Ахæм диссаг федтон Чъеуы хъæуы. Иууылдæр худынц. Æхсары пъланмæ гæсгæ иууыл хъæутæ дæр арæзт куы ’рцæуиккой, уæд дзы нæ уаид ахæм æмбисæндтæ. Æрмæст фер- мæйы ныхмæ кæй дзуры, уый йын мæ зæрйæмæ нæ цæуы. Æр- дæгарæзт фæвæййы æмæ ма йын цæй бауромæн ис. Адæм ыл схъæлæс кодтой, æмæ мах иугæр схъæлæс кодтам, уæд уый ных- мæлæууын у фурды ныхмæ лæууæгау. 26
Хъауырбег. Æмæ кæд фæрæдыдыстæм, уæд та? Ногæй схъæлæс кæндзысхæм, ног уынаффæ рахæсдзыстæм. М и х а. Мæнæн иу хъæлæс ис æмæ йæ радтон, дыккаг мæм нæй, хъæугæдæр мæ нæ кæны. Цомут, цомут. Уæ хæринаг ныууазал æмæ та уый дæр мæн аххос фæуыдзæн. Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ НЫВ Хъасболаты кабинет. Егьау стъолы ныхмæ нарæг даргь стъол. Къулыл Ленины портрет, колхозы быдырты картæ. Къуымы стыр сей- фы фарсмæ цæугæ Сырх тырыса. Хъасболат бады къæлæтджын бандоныл æмæ дзуры телефоны. Хъасболат. Бæргæ йæ зыдтон, фæлæ мын гæнæн нæ уыд... Зонын... Райком хистæр у, зонын... сывæллон нал дæн... Æмæ махмæ дæр пълантæ вæййы, адæмæн загътон, æрæмбырд сты, ахсджиаг фарстатыл дзырдтам... Æз афтæ нæ зæгъын æмæ райкомы бюройы ницæйаг фарстатыл дзурут... Уæдæмæ нæм æгæр арæх сидут æмбырдтæм, хъæуа нæ хъæуа, уæддæр... Куыст йæ тæмæны куы вæййы, уæд мах та районы кæнæ республикæйы æмбырдты фæбадæм... Партион æгъдау æз нæ халын. Куыд уæ фæнды, афтæ кæнут... Ссæудзынæн... Хорз... Фенынмæ... Æрбацыд 3 а р е м æ. 3 а р е м æ. Баба, цæуыл та смæсты дæ? Туджы цъыртт дæ куынæ уал баззад. Кæимæ та фæхыл дæ? Хъасболат. Райкомы секретарь Хъазыбег мæм дзырдта — бюройы, дам, цæуыннæ уыдтæ? Партион æгъдау, дам, цæмæн халыс? Уый, дам, дын фыццаг хатт нæу, æвæццæгæн, дам, дæ бафхæрдзыстæм иннæ бюройы? Ссардтой кæй бафхæ- рой, ахæм! Æмбырд æмбырды фæдыл, æмбырд æмбырды фæ- дыл! Низ сыл бахæцы фыр бадтæй, уæддæр сæ къаддæр нæ кæ- нынц... Ноджы гыццыл хъуыддагыл стыр ныхæстæ кæнын куы рай- дайынц, раууил-баууил æй куы фæкæнынц, уæд мæ бон бадын нал вæййы. Фырдзырд дæр низ у, зианхæссæг низ, æмæ дзы тæссаг, хæцгæ низæй куыд дзæбæх кæнай, афтæ дзæбæх кæнын 27
хъæуы адæмæй бирæты... Хъуамæ алы колхозы дæр уаид дыууæ сæрдары — иу æмбырды бадынæн, иннæ та — кусынæн. 3 а р е м æ. Æмбырдтæ нæ фæкъаддæр уыдзысты, дæ- хæдæг дæр сæ æгæр арæх кæныс, фæлæ æз абон фермæмæ нал ацæудзынæн. Хъасболат. Ома, куыд нал ацæудзынæ? 3 а р е м æ. Куыд вæййы, афтæ. Куы дын дзырдтон, дæ хъус фермæмæ æппындæр нал дарыс. Хъугдуцджытæ мын лæгъ- стæ фæкæнынц: "Дæ фыдæн ма зæгь". "Дæ фыдæн ма зæгъ". Мæ цæсгом сæм нал хъæцы цæуын. Хъасболат. Пълантæ не ’ххæст кæнын уæ цæсгом хорз куы хъæцы... Худинаг дæр ма дзы вæййы — сæрдары чызг фермæйы сæфтмæ тæры. 3 а р е м æ. Хæццæ холлæгтæ фаг цæуыннæ æрцæттæ кодтат? Бæргæ, æнæ хæргæйæ æхсыры цадтæ куы фестиккой. Суанг ма нын нæ трактор дæр бригадмæ арвыстай хор ласын- мæ — цæмæй æрбаласæм цъæх холлаг? Æнтыдласæн машинæ- тæ дыууæ дæр фехæлдысты. Цæуыннæ сæ аразут, нæ дын дзырдтон цалдæр боны æнтыд нæй, зæгъгæ? Куыд нæ кусын кæныс? Хъасболат. Сæйраг инженерæн нæ загътай? 3 а р е м æ. Мин хатты. Нае, дам, нæ ’вдæлы фермæтæм хор æфснайынæй. Æнæ дæ зæгъгæ йæ къух уазал доны дæр нæ атулдзæн, уымæй йæ нæ зоныс? Хъасболат. Зæгьдзынæн ын. Æрмæст куыдцæр уæ пълан не сæххæст кæнат, афтæ мæ цы ’нхъæлут! 3 а р е м æ. Нана-иу куыд дзырдта: дæ гонмæ, дам, куыд ныдздзурай, афтæ дæм сдзурдзæн. Хъасболат. Раст зæгьыс, раст. Фосы куыст нырма рæстмæ нæ кæнæм, нæ зонæм... Мæнæ нæ хоры пълантæ куы сæххæст кæнæм, уæд æркæсдзыстæм... 3 а р е м æ. Рæстæгæй-рæстæгмæ хъусдард... Хъасболат. Æгæр бирæ дзурыс абон, нæ мæ ’вдæлы, нæхимæ адзурдзыстæм. Æрбацыд Æ х с а р. 28
Æ х с а р. Бахатыр кæнут, кæд уæ бахъыгдардтон, фæс- тæдæр æрбауайдзынæн. (Цæуынмæ хъавы). Хъасболат. Рацу, сусæгæй нæм ницы ис. Æ х с а р. Кæд зæгъын бинонты ныхас... 3 а р е м æ. Æз мæ зæгъинæгтæ загьтон. Уыдон дæумæ дæр къаддæр нæ хауынц. Айразмæ дын нæ чызджытæ ба- фæдзæхстой хуызджын телевизор балхæнын, абана саразын æмæ дзы иу дæр нæ баххæст кодтай. Рæсугъд дзурын, дæм, хъуыддаг аразынæй æнцондæр кæсы, æвæццæгæн. Уыдон та дыл фидарæй æууæндынц: "Æхсар загьта, уæд æй кондыл нымай". Æххæст ма сын куы загьтаис, цал азы ма нæ бахъæудзæн æнхъæлмæ кæсын. Баба нæм йæ хъус нал дары, ды нæ сайгæ кæныс, афтæмæй уæ стыр пълантæ æххæст куы кæниккой, уый фæнды. Хъасболат. Дæ дзыхыл ма фæхæц, кæд дæ иф- тындзгæ не счындæуыд, уæд. Ныртæккæ телевизортыл стæм? Нæ пълан уал сæххæст кæнæм, стæй æркæсдзыстæм, æмæ... Аба- найы тыххæй уынаффæ рахастам... 3 а р е м æ. Нал нæ хъæуынц уæ уынаффæтæ — мах абана хъæуы æмæ телевизор! Сылгоймагæн æнæ абана нæй цæ- рæн, уæлдайдæр фермæйы кусгæйæ... Хъасболат. Хорз, бамбæрстам дæ, ныр та цæу- гæ дæ куыстмæ, кæд мæ февдæла абон, уæд уæм бауайдзы- нæн... 3 а р е м æ. Кæй дын загьтон, уыдон сараз, стæй-иу нæм уæд æрбацу. Ды дæр нæм, Æхсар, цалынмæ дæ дзырд сæх- хæст кæнай, уæдмæ дæхи мауал равдис. 3 а р е м æ ацæуы. Æ х с а р. Хъасболат, ацы уайдзæф мæм дæу аххосæй æрхауд. Дæ зæрдæ де ’вдисæн, цал æмæ дын цал хатты загьтон. Ныр мыл сайæгойы ном сбадти. Нæ, æнæ балхæнгæ нал ис. Стæй абана дæр райдайæм аразын. Æхца нæм цалдæр милуаны, фæлæ сæ чи кусы, уыдонæн дзы уавæртæ нæ аразæм. Уæд цæмæн хъæ- уынц æхцатæ?! Хъасболат. Лæппу, цыма дæхимæ æгæртæ исын- мæ хъавыс, афтæ дæм нæ кæсы? 29
Æ х с а р. Æппындæр нæ, Хъасболат. Æз домын, адæм цы домынц, уый. Ис нæм æмæ сын цæуыннæ аразæм сæхи фæл- лойæ? Хъасболат. Уый дæумæ нæ хауы. Дæуæн дæ хæс цы у, уый кæн. Æниу лекци кæд кæсын хъæуы, уый дæр нæ зоныс. Ссар- дта мын рæстæг лекцитæ кæсынæн. Къæвдайы фæстæ хуымтæ хæмпæлгæрдæджы бын фесты, хæрдмæ быры æмæ быры! Фæдисы хъæр кæнын хъæуы! Ай та мын, адæмы зæрондæй-ногæй хæмпæл- гæрдæгæн йæ мыггаг сыскъуыныныл бафтауыны бæсты, лекцитæ кæсы. Барæй, фыдæнæн афтæ кæныс? Æ х с а р. Адæмы астæу цы хæмпæлгæрдæг ис, уый æх- сæнадæн фылдæр зиан хæссы. Уыдонимæ карздæр æмæ фыл- дæр тох хъæуы. Канд мæн нæ — дæу дæр. Хъасболат. Кæн тох, фæлæ куыст ма къуылымпы кæн. Кæс лекцитæ къæвда рæстæджы, адæмæн куыст куы ницы уа, уæд. Æ х с а р. Хур боны дæр æмæ къæвда боны дæр адæми- мæ хъомыладон фарстатыл дзурын хъæуы. Кæмдæриддæр, кæд- дæриддæр. Хъасболат. Дзур цас дæ фæндыл уый бæрц, æр- мæст колхозы къæбицмæ дæ къух ма дар, дæхицæн дзы кад кæ- нынмæ ма хъав. Уыцы милуантæ ды нæ бакуыстай æмæ сæ хардз кæнын дæр дæумæ нæ кæсы!.. Мæ хъуыддæгты цæмæн тъыссыс дæхи? Чи дын радта бар мæ уынаффæтæ халынæн? Æрра фæдæ, дæ зонд фæцыд? Куыд бауæндыдтæ паддзахадон пъланы ныхмæ æрлæууын?.. Нæ колхозы кадджын ном цъыфы стылдтай. Æз дзырд радтон хицауадæн. Ды сæ ныхахх кодтай цæхгæрмæ! Нæ- æ, афтæмæй нын иумæ кусæн нæй! Æ х с а р. Нæ мæ уырны, куыд радтаис ахæм бардзырд — мæнæу æнæ сыгъдæгæй дæттут паддзахадмæ, зæгъгæ. Цас зиан у ахæм мæнæу дæттын, уый зындгонд куы у алкæмæн дæр. Хъасболат. Æдзæллагмæ цæуы нæ парткомы куыст. Кæм вæййыс, уый бæрæг дын нæй. Ратæх-батæх кæныс. Мызд цæй тыххæй исыс, ууыл никуы ахъуыды кодтай? Парторг йæхæдæг фæллойадон æгъдау халы! Æ х с а р. Ацы уайдзæф исын æз мæхимæ. Мæ рæстæ- гæй бирæ сæфы нæ фидæны пъланыл кусгæйæ... Дæ карз ныхас 30
æрдæгыл уадзгæ нæу. Æрдзурæм ыл парткомы уæнгтимæ кæнæ- коммунистты иумæйаг æмбырды. Ныр дæм æндæр хъуыддаджы фæдыл æрбацыдтæн. Хъасболат. Кæд даргъ ныхас у, уæд мæ не ’вдæлы. Æ х с а р. Мæн дæр не ’вдæлы. Парткомы æмбырды раз- мæ мæ демæ ауынаффæ кæнын хъæуы. Хъасболат. Дзургæ, хъусын. Æ х с а р. Куыд кусæг дæм кæсы Темыр? Хъасболат. Хорз агроном у, хорз адæймаг у. Æн- дæр ма? Æ х с а р. Ницы фау æм хæссыс? Хъасболат. Ницы. Æ х с а р. Йæ дзуапмæ йын хъусдзыстæм. Парткомы æм- бырдтæй дыууæйы нæ уыдтæ, ацы хатт мауал фæцух кæн. Хъасболат. Кæд мæ равдæла, уæд уыдзынæн. Æ х с а р. Æнæ уæвгæ дын нæй, ахсджиаг фарстатæ дзы ис, ды та парткомы уæнг, колхозы сæрдар дæ. Хъасболат. Чи дæн, уый æнæ дæу дæр хорз зонын, адæм дæр æй зонынц. Æ х с а р. Кæддæрау дæм адæм — колхозонтæ, хъæуы цæрджытæ, интеллигенци арæх цæуыннæуал цæуынц? Хъасболат. Æвæццæгæн, сæ цард кæй фæхуыз- дæр, уымæ гæсгæ сæ домæнтæ дæр фæкъаддæр сты. Æ х с а р. Се ’ппæт иухуызон нæ цæрынц, ис ма, тыхст чи у, хъуаг чи æййафы царды фæрæзтæй. Цард куыд хуыздæр кæны, афтæ адæмы домæнтæ дæр фылдæр кæнынц, къадцæр нæ, фæлæ. Хъасболат. Уæдæ йæ ды мæн аххос фæкæнынмæ хъавыс? Дзур, дзур... Æфсæрмы ма кæн. Æ х с а р. Æфсæрмыйагæй дзы ницы ис, фæлæ адæммæ раздæрау нал дарыс дæ цæстæнгас. Тызмæгæй-тызмæгдæр кæ- ныс. Бирæтæ дæ тæрсын байдыдтой... Хъасболат. Æз бирæгъ нæ дæн, фæлæ дæ ныр- тæккæ адæм тæрсгæ куынæ кæной, уæд хæрæгæй хуым бакæн- дзысты, дæ сæры астæумæ схиздзысты... Æ х с а р. Хъасболат, хъыг дæм ма фæкæсæд мæ ныхас. Колхозонтæ дæумæ куы фæхъусынц, уæд дæу цæуылнæ фæнды уыдонмæ байхъусын? 31
Хъасболат. Уый хахуыр у. Чи дын загьта, нæ мæ фæнды, кæд сæм нæ байхъуыстон? Æ х с а р. Куы фембæлыс семæ, уæд сæ афæрсыс: "Куыд цæуы куыст?" "Куыд æххæст кæнут уæ пълантæ?" Æрмæст домгæ — хуыздæр кусут, тагъддæр кусут. Куысты кой хъæуы, фæлæ кус- гæ чи кæны, уый рохуаты цæмæн баззайы? Хъасболат. Цæмæйты ма сæ хъуамæ фæрсон, алы бон дæр сæ куы уынын, куы сын зонын сæ хабæрттæ. Æ х с а р. Колхозон та афтæ æнхъæлы æмæ йын ды йæ хабæрттæ нæ зоныс. Æнхъæлмæ дæм фæкæсы, кæд æй бафæр- сис, йæхи, йæ бинонты цард, сæ куыст, сæ ахуыр, се ’нæниздзи- надæй. Кæд истæуыл тыхсынц, æххуыс сæ хъæуы... Хъасболат. Мæнмæ уæлдай гæды митæ нæй. Æ х с а р. Кусæг лæг дын зæрдæбынæй фæдзурид йæ ха- бæрттæ. Фенцондæр ын уаид, кусын, цæрын, йæхимæ кадцжындæр, барджындæр кæсид. Дæ уынаффæ, дæ зондамынд сæ канд куысты нæ хъæуы. Куыд сыл мæт кæныс, куыд сын аргь кæныс, уый хуыз- дæр базониккой. Дæхицæн дæр æнцондæр уаид. Хъасболат. Алы бон дæм уæлдæр хицауад фон- дзыссæдз хатты куы дзуриккой "пълан, пълан, пълан", уæд дæ ахæм ныхæстæ нæ, фæлæ аходæн хæрын дæр ферох уаид. Æ х с а р. Æгæр сындæг кусæм, æгæр сындæг цæуæм размæ. Хъасболат, Æфсинтæ куыд фæзæгъынц — артæй тагъддæр нæй гæнæн. Æ х с а р. 0, бæргæ арт нæм куы уаид, фæздæг, æрмæст фæздæг кæнæм, арвы дæр тухæнæй марæм æмæ нæхи дæр. Абон хъуамæ иууылдæр кусой тынг хорз, иууылдæр æххæст кæ- ной сæ пълантæ, сæ хæстæ. Хъасболат. Кусын, кусын хъæуы, æхсæвæй бонæй куынæ кусæм, уæд æнтыстдзинад нæ уыдзæн. Ныртæккæ та би- рæ адæм йæхицæн бафæллайынæй, сфæлмæцынæй тæрсы, йæ хид куы рацæуа, исты дзы куы фæрисса... Нæй афтæ кусæн, уар- зын хъæуы кусын, фæллой кæнын, ныхæстæ кæнын нæ, фæлæ. Æ х с а р. Æз дис кæнын дæ тых æмæ дæ хъаруйыл: куыд æххæссыс æппæт хъуыддæгтыл, куыд æфты дæ къухы мин фар- стайы алыг кæнын боны дæргъы. 32
Хъасболат. Куыст бирæ ис колхозы, хъуагдзинæд- тæ ноджы фылдæр. Æнцад бадынмæ нæ — сулæфынмæ дæр нæ равдæлы лæджы. Æз та дæуыл дис кæнын: куыд дæ равдæлы трактористтимæ шахмæттæй хъазынмæ; фермæйы та, дам, хъуг- дуцджытимæ волейболæй фæхъазыс. Уый куыд у? Æндæр куыст дын ницы ис? Æ х с а р. Нæ, уæлдай рæстæг мæнæн дæр нæй, — хъаз- гæйæ мæ хабæрттæ, мæ зæгъинæгтæ фæзæгьын, уыдонæн та сæ фæллад фесæфы. Фæлæ дæумæ бон-изæрмæ цас адæм фæ- лæууы?! "Хъасболат, бензин нæм нал ис", "Хъасболат, нæ ком- байн асаст, цæмæй йæ саразæм, уый нæй", "Хъасболат фермæ- мæ æнтыд не ’рбаластой", "Хъасболат, дыккаг бригады картоф хæрзуыгъд нæ кæнынц", "Хъасболат, машинæ ма мын авæр горæ- тæй сынтæг æрласон"... æмæ сæ чи фæнымайдзæн, цы нæ ку- рынц, цы нæ домынц. Хъасболат. Куысты, царды домæнтæ сты уыдон. Æ х с а р. Раст у. Фæлæ се ’ппæтыл ды нæ аххæсдзынæ. Ис колхозы, уыдон кæмæ хауынц, чи сæ хъуамæ æххæст кæна, ахæмтæ. Æнцад та ма кæд фæбадыс? Хъасболат. Æнцад бадын нæ зонын. Æ х с а р. Ома, зæгьын, хъуыды кæнынæн, колхозы фидæ- ныл, хъæуы фидæныл лæмбынæг ахъуыды кæнынæн дын нæ фаг кæны рæстæг. Мæнæ нæ хъæуы, нæ колхозы фидæны тыххæй цы стыр ног пълан скодтам ахуыргонд адæмы ’ххуысæй, уымæ де ’ргом фаг не здахыс. Тынгдæр та уымæн, æмæ де ’рхъуыдыгонд нæу, æмæ дзы хъуамæ мацы рауайа, къуылымпы йæ кæныс, халыс æй. Хъасболат. Хъус-ма, лæппу. Дæ кæрддзæмы дæ- хи куы дарис! Кæд партион кусæг дæ, уæд дæхи куыст кæн! Æз дæ сæнттæ, дæ аргъæуттыл не ’ууæндын, нæ мæ хъæуынц! Æ х с а р. Парткомы уыцы пъланыл куы ныхас кодтам. Кæд дæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæд æй колхозонты иумæйаг æм- бырдмæ рахæссæм. Хъасболат. Иумæйаг æмбырдмæ цы фарста хæс- сон, уый дæ уынаффæ нæу. Æ х с а р. Афтæмæйты мæ нæ бауромдзынæ. Парткомы фæстæ йыл нæ коммунисттæ куы сразы уой, уæд æй иумæйаг æмбырд дæр сфидар кæндзæн. 3 Царды хос 33
X ъ а с б о л а т. Ды нырма æрыгон дæ æмæ æмбаргæ дæр нæ кæныс, цытæ дзурыс, уый. Зæгьæм, дæ рæсугъд аргьæ- уттæй колхозонты зæрдæ балхæдтай, æниу уый никуы уыдзæн, фæлæ. Сфидар дын кодтой дæ пълан. Дарддæр дзы цы рауай- дзæн, уый зоныс? Районмæ йæ бахæсдзынæ æмæ дыл уым сæхи худæгæй схæсдзысты. Æ х с а р. Æз обкоммæ ссæудзынæн, Мæскуымæ ацæ- удзынæн, уæддæр æй хъуамæ сфидар кæной, нæ йæ ныууадздзы- нæн. X ъ а с б о л а т. Ды цытæ бахастай пъланмæ, уыдон нырма горæты дæр не сты, дæумæ гæсгæ хъуамæ горæт хъæуы фæсте сура. Дæ зонд иннæрдæм у дæуæн. Зæгъæм, Мæскуы дæр сразы, иууылдæр разы сты, æхца дæр ссардтам, уæд нын уый æдæппæт аразгæ та чи скæндзæн? Æ х с а р. Куыд чи? Аразджытæ, мах дæр семæ, афтæ- мæй. Хъасболат. Аразджытæ куыд тагьд аразынц, аф- тæмæй дæ пълан фондз æмæ ссæдз азмæ нæ, фæлæ фондзыс- сæдз азмæ дæр æххæст не ’рцæудзæн. Уæртæ нын хуыдон ныр фондз азы аразынц, абон дæр ма конд нæу, ныууагътой йæ æр- дæгарæзтытæй, йæ проект, дам, базæронд, ныртæккæ, дам, ахæм фермæтæ аразæн нæй... Æ х с а р. Тынг хорз. Уым сывæллæттæн ахæм лагерь ра- уайдзæн æмæ йæм алырæттæй уынæг цæудзысты. Сывæллæтты цинæн кæрон нæ уыдзæн. Хъасболат. Зæххардыстæн, нæ мæ уырны, æнæ- низ уæвæн нæй дæуæн. Адæм иуырдæм — ды иннæрдæм. Фер- мæ аразæм — ды йæ ныхмæ, нæ пълан æххæст уыдаид, ды йæ ныкъкъуылымпы кодтай, гæнæн кæмæн нæй, ахæмтæ, цыдæртæ домыс; адæмы змæнтыс. Нæ, ды рынчын дæ, дæуæн æнæниз уæвæн нæй. Æ х с а р. Хъасболат, æнæ уыцы пълан махæн дарддæр кусæн нæй. Чи зоны дзы рæдыдтытæ дæр ис, фыдæбон, маст дзы фендзыстæм. Царды хос нæ къухты ис, хъæздыг æмæ рæсугъд цардæн цы хъæуы, уыдон хаст æрцыдысты пъланмæ. Райдайæм ыл кусын, базмæлын кæнæм адæмы зæрондæй, ногæй. Сæ раз- 34
мæ стыр æмæ ахсджиаг нысан куы уа, уæд æм æмзонд-æмг зæрдæйæ тырндзысты, зындзинæдтæй нæ кæндзысты къуы- лымпы. Хъасболат. Цыма бынтон æгæртæ кæнын байдыд- тай! Хъахъхъæн, дæ сæнттæ дæ хъуыры ма фæбадæнт! Æ х с а р. Нæ фæлæ ды партийы хъуыддæгтæм æнæ ба- фæрсгæ ма æвнал. Фыццæгæм бригады дыккаг звенойы хицауы йæ куыстæй фелвæстай. Бригады партбюройы секретары. Чи зо- ны аххосджын у — дыууæ боны куысты нæ уыди, звено куыд æм- бæлд, афтæ нæ бакуыста, куыст фæкъуылымпы. Хъасболат. Секретарь, дам, у... Секретарь нæ, фæлæ æнæпартион дæр афтæ нæ бакæндзæн. Замманайы дзæ- бæх кусæг уыд — ныр дзы секретарь акодтай æмæ лæг фесæфт: æрвылбон æмбырдты бады: куы бригады, куы колхозы, куы райо- ны, куы республикæйы. Нæ, фæлтау хуымæтæджы колхозонæй ку- сæд — звенойæн æнæ хицау уадзæн нæй. Æ х с а р. Хъасболат, æз дæ куы бафæдзæхстон къуыри раздæр, районы парторганизациты секретартæн семинар кæй уыдзæн, уый тыххæй. Бригадирæн дæр загъд уыдис. Хъасболат. Ныр нал ратæх-батæх кæндзæни се- минартæ æмæ æмбырдтыл. Стæй дын зæгъын: ма хъыгдар адæ- мы кусын. Æ х с а р. Йæ бынаты йæ куынæ сæвæрай фæстæмæ, уæд фарста бацæттæ кæндзыстæм парткомы æмбырдмæ æмæ карз æфхæрд æрцæудзынæ. X ъ а с б о л а т. Цы дам?! Æртхъирæнтæ кæныс. Æз хæсты цæхæры куынæ фæтарстæн, уæд дæ хуызæттæй фæтæрс- дзынæн?! Æ х с а р. Æз дæ тæрсын нæ кæнын, фæлæ кадртæ, уæл- дайдæр та партбюроты секретартæ æнæ партком, æнæ райком исæн нæй сæ куыстæй. Хъасболат. Дæ хуызæттæй мыл зæй куы рацæуа, уæддæр мæ нæ фæтæрсын кæндзысты. Зæххардыстæн... Æ х с а р. Хъасболат, æз хыл кæнынмæ не ’рбацыдтæн, фæнды мæ кæрæдзи куы бамбариккам, кæрæдзийæн хуыздæр куы ’ххуыс кæниккам, уый. Æз цæуын, нæ пъланыл ма акусон. (Ацæуы). 35
Хъасболат (дзуры телефонæй). Чызг, райкомы сек- ретарь Хъазыбеджы ма мын авæр... Хъазыбег, ногæй та дæ бон хорз. Хъасболат дæн... Бахатыр кæн, дæ хорзæхæй, абон дæм æгæр тызмæг сдзырдтон... Æмбырды смæсты дæн нæ кусджы- тæм æмæ мыл афтæмæй фæхæст дæ... Хорз, хорз... Хъазыбег, ацы бонты дæ махмæ ’рбацæуынмæ нæ равдæлдзæн?.. Ахсджиаг ныхас мæ ис демæ. Кæд дæ тынг не ’вдæлы, уæд дæм мæхæдæг суайон?.. Дæхæдæг æрцæудзынæ?.. Гъемæ хорз. Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн. Хæрзбон уал. (Æрæвæрдта телефоны хæтæл). Цыдæр къæпп ныхас кæны Хъазыбег. Кæд исчи исты хахуыр ба- кодта, мыййаг. Æрбацæуы Т а м а р æ. Т а м а р æ. Æмбæлы дæм, Хъасболат? Дæ бон хорз. Хъасболат. Хъæусоветы сæрдарæн кæдæм не ’мбæлы, ахæм ран нæй. (Сыстад, йæ размæ рацыд, йæ къух ын райста). Æгас цу, Тамарæ, бадгæ скæн. Æнæ хабар нæ уыдзынæ? Т а м а р æ. Бæрæг кæнын, нæ депутаттæ, æххæсткомы уæнгтæ сæ хæстæ куыд æххæст кæнынц, уый. X ъ а с б о л а т. Ау, æз дæр æвзæртыл нымад æрцыд- тæн? Т а м а р æ. Ис дзы, хæрз дзæгьæлы æвзæрст чи æрцы- ди, ахæмтæ. Фæнды сæм дзур, фæнды сæ æфхæр, уæлдай змæлд нæ фæкæнынц сæ бынатæй. Хъасболат. Депутатты сæ кар, сæ ас, сæ уынд, сæ кондмæ гæсгæ куы ’взарой, уæд афтæ вæййы. Т а м а р æ. Дæумæ, Хъасболат, æз уынаффæмæ, фæр- сынмæ æрбауадтæн. Æхсар мæм уыд, куырдта, цæмæй активы иумæ æрæмбырд кæнæм нæ фидæны пъланыл, цæттæ у, бирæ- тæ йæ кастысты. Хъасболат. Дæхæдæг кастæ уыцы пълан. Цы йын загътай? Зондджын сылгоймаг дæ, æдылы дзуаппæй бахъахъхъæ дæхи. Т а м а р æ. Мæ цæстытыл нæ хъæуы фидæн уайы. Уыцы пълан дæс æмæ дыууиссæдз азмæ æххæст куы ’рцæуа, уæддæр уаид тынг хорз. Æрныхас ыл кæнæм иумæйаг æмбырды, байхъу- сæм адæммæ. 36
Хъасболат. Адæмимæ хъуыдцагыл дзурын хъæуы, уыцы пълан та аргъæуттæ, сæнттæй конд у. Т а м а р æ. Нæ, се ’ппæт не сты аргъæуттæ, сæнттæ. Тынг бирæ дзы скæндзыстæм дæс азмæ, иннæтæ фæстæдæр... Хъасболат. Зæгъæм? Т а м а р æ. Уынгтæ хорз арæзт уыдзысты, уыдзæн нæм парк, бульвар; сывæллæттæн рæвдауæндæттæ фаг: фæлладу- адзæн хæдзар саразыны тыххæй иумæйаг æмбырды уынаффæ раджы куы рахастам. Хъасболат. Уыдонæй уæлдай ма цытæ фæфыста, уый дæ ферох? Т а м а р æ. Колхозы ветерантæй æмæ иузæрдион кус- джытæй йæ бон хæдзар саразын кæмæн нæу, уыдонæн колхоз са- раздзæн хæдзæрттæ. Уый дæхи фæндон уыд. Уæдæ хъæуы астæу хæрæндон æмæ цардыдомæнтæ æххæстгæнæн хæдзар саразын хъæуæххæстком исы йæхимæ — район æмæ нын республикæ бах- хуыс кæндзысты. Нæ хъæуы, нæ колхозы историйы, йæ абоны царды тыххæй музей саразын дæр скъолаимæ исæм нæхимæ. Хъасболат. Тамарæ, уыцы пъланæн æмбырдмæ рахæссæн нæй. Йæ дæсæм хай дæр нæ бафтдзæн саразын нæ къухы. Цæмæн кæнæм аллайаг нæхи? Т а м а р æ. Уæддæр æй адæм зонынц. Бамбæхсæн ын нæй. Уадз зæгъой сæ хъуыдытæ, сæ фæндтæ. Æргом ныхасы рай- гуырдзæн рæстдзинад. Хъасболат. Фæрсынмæ нæ, фæлæ мæм хонæг куы ’рбацыдтæ, Тамарæ. Нæ уыдзынæн æз уыцы æмбырды, хъæ- угæ дæр ницæмæн кæны. Т а м а р æ. Бирæ фæхъуыды кодтон нæ хуыты фермæйы арæзтыл. Æрдз бахъахъхъæныныл тох кæнынц адæм, цæмæй уæлдæф æмæ дæттæ сыгъдæггонд цæуой, ууыл, мах та Урсдоны был фермæ аразæм. Æндæр ран æй аразын хъуыд, фæрæдыды- стæм. Уый та, æцæгдæр, ногдзауты лагерæн агургæ æмæ æнар- гæ бынат у. Хъасболат. Нæ мæ уырны, ды та куыд байхъ- уыстай Æхсармæ? Куы йæ зоныс, уыцы фермæйы арæзтад пълан- тæм хаст æрцыд нæ колхозæн, нæ районæн, нæ республикæйæн, сæ хъус æм дарынц. Хъуамæ дзуапп радтæм, арæзт кæй фæци, 37
уый тыххæй. Куыд ын ис æрдæгарæзтæй сисæн пъланæй? Искуы дæр ма уый æрцыд? Нæ уыдтæн уый æнхъæл, Тамарæ, æнæрхъ- уыды ныхас нæ фидауы дæуыл. Т а м а р æ. Чидæртæ ма у йæ ныхмæ, фæлæ йыл бæс- тондæр ахъуыд’ы кæнæм: кæд нын уæлдæр хицауад бар нæ рад- той, уæд цы гæнæн ис... Хъасболат, афæрсынмæ дæ фæхъавын. ома куысты тыххæй нæ, фæлæ... Хъасболат. Зæгъ, зæгъ, дæ хорзæхæй. Т а м а р æ. Заремæ мæм цыдæр æнкъард фæкасти, цы кæны, æнæфæразгæ у, мыййаг? Хъасболат. Куынæ, дзæбæхæй ацыд куыстмæ. Æхсæвыцъæхæй фестæм, иумæ рацæуæм нæ куыстмæ. Т а м а р æ. Нæлгоймаг та сылгоймагæн цы ’мбары. Йæхимидæг тыхсы цæуылдæр, бæрæг у йæ цæстæнгасыл, исчи йæ куы ’мбарид, уый йæ тынг фæнды. Хъасболат. Мæ зæрдæ ма мæ чызгыл куы лæууы, мæ хæдзардарæг куы у Заремæ, уæд æй куыд хъуамæ не ’мба- рон? Т а м а р æ. Æгæр бирæ кусы: æхсæвæй-бонæй фер- мæйы, стæй ма уæд хæдзардарæг дæр у. Чындздзон чызг кæй у, ууыл хъуыды дæр ничи кæны. Зæронды кармæ дæ фарсмæ куы бадид, уый дæр дæ фæнды. Хъасболат. Нырма цæй чындздзон у...'Фæлæ йын кæд афон дæр у... Афтæ тагъд?.. Т а м а р æ. Чызг æгæр куы бада йæ фыды уæларт, уæд уымæй кадцжындæр нæ кæны. Ды дæр дæхицæн къæбæргæнæг æрцагур. Заремæйæн ма ’хгæн йæ фæндаг. Ацæуы. ПРОСЦЕНИУМ Авансценæйы цыдæр гæххæтытæм кæсгæйæ æрбацæуы Æ х с а р. Хæрхæмбæлд фæци Заремæйыл. 3 а р е м æ. Дæ къах истæуыл куы скъуырай, уымæй нæ тæрсыс? 38
Æ х с а р. 0, Заремæ, кæцæй фæдæ? Куыд хорз у ам кæй фембæлдыстæм, уый. 3 а р е м æ. Цæугæ-цæуын кæсын рæсугъд нæу, уæл- дайдæр та парторгæн. Æ х с а р. Хатыр, Заремæ, хатыр. Кæдæм ма цæуыс, тагъд райдайдзæни иумæйаг æмбырд. Раздæх, иумæ цом. 3 а р е м æ. Абондæргъы фермæйы уыдтæн, нæхимæ бауайон. Ма тæрс, нæ байрæджы кæндзынæн. Æ х с а р. Фермæйы куыст рагæй дæр нæ уарзтон, цæ- мæн — нæ зонын. Ныр мæ æрвылбон мæ куыст фермæйæ рай- дайын фæфæнды. 3 а р е м æ. Æгæр арæх нæм ма цу, адæм дыл сæ цæст æрæвæрдтой. Æ х с а р. Заремæ, бамбæхсæн цæмæн нæй, уый нæ бамбæхсдзынæ. Мæ зæрдæйы æнкъарæнтæ дæр нæ комынц æм- бæхсын. 3 а р е м æ. Партион кусæг та зæрдæйы æнкъарæнтæн цы ’мбары? Нæ йын æмбæлы... Хъуамæ зондджынхуыз дара йæхи, мыййаг... Кæл-кæлæй дæр ын худæн нæй, куы йæм цæуа хъæрæй худын, уæддæр... Æ х с а р. Дзæгъæлы, хæрз дзæгъæлы дæм афтæ кæсы. Заремæ, цы бон нæ фембæлын дæуыл, уыцы бон мæм мæ цард, мæ куыст, суанг ма адæм дæр æндæрхуызон фæкæсынц. Фæ- лидзы æхсæв мæ хуыссæг. Мæ хъуыдытæ дæуыл вæййынц æдзух. 3 а р е м æ. Дæ пъланæй ма дæ искæуыл хъуыды кæ- нынмæ дæр равдæлы? Зын бауырнинаг у уый. Æ х с а р. Цы сагъæссаг, цы катайаг фæдæн, уыдон дын бæргæ мæ бон куы бауаид фæдзурын. Фæлæ сæ аив зæгъын нæ сарæхсдзæни ме ’взаг. Дæу аккаг ныхæстæ не ссардзынæн æз. 3 а р е м æ. Æцæгдæр-ма, цыдæр куы кæныс, уый. Ни- цы дæ риссы? Æ х с а р. Хæрын дын ард зæрдæбынæй, сыгъдæг, æнæ- кæрон уарзтæй дæ уарзын. 3 а р е м æ. Цы диссаджы рæсугьд ныхæстæ зоныс. Нæ фембæлд мæм фынфенæгау кæсы. Æ х с а р. Заремæ, æнæ дæу мын ад нал кæны мæ цард. Æргом мын зæгъ дæ фæндон. 39
3 а р е м æ. Адæмы сусу-бусу, дам-думтæй мæхицæн нал арын бынат. Нæ кой кæнынц. Куы нæ сдзырдтаг кæной, мыйй- аг. Æ х с а р. Мæ зæрдæ мын стон мæ риуæй — уæдцæр дзы ды нæ фæхицæн уыдзынæ. Дæ ном, дæ сурæт дзы æнустæм фыст æрцыди. 3 а р е м æ. Зæгьынмæ дын фæхъавын иу хабар æмæ та мæ хъуыры фæбады... Тæссаг хъуыдытæ мын æнцой нæ дæттынц. Æ х с а р. Цæмæй хъуамæ тæрса Заремæ? Тызмæг дæр ма дæм исчи сдзурæд. Æз де ’фхæрд никæмæн ныббардзынæн. 3 а р е м æ. Мæхицæн та цæмæй тæрсын... Дæ фыдгой хъусын... Дæ куыстæй дæ фæтæрын фæнд скодтой... Æндæр хъæ- умæ, кæнæ дæ районмæ аивдзысты. Æ х с а р. Мæ куыстæй мæ ссæдз хатты куы сисой, дуне- тæ куы сыстой, зæхх иннæрдæм куы разила, уæдцæр нæ ничи фæхицæн кæндзæн. Ды мын мæ тыхыл тых, мæ ныфсыл ныфс куы ’фтауыс, мæ ныхмæ чи хъуамæ фæлæууа. 3 а р е м æ. Нæ дæ хъуыди бабайы ныхмæ дзурын. Цæ- мæн ын фехæлдтай йæ фæндтæ? Мæнæу дæтгынц æмæ йæ рад- тæнт. Дæу аххосæй, дам, афоныл нæ сæххæст кодтам пълан... Ацæуы. Æ х с а р. Заремæ! Ныртæккæ мæнæй амондджындæр дун-дунетыл не ссардзæни ничи! Райхæлдтон мæ зæрдæ!.. Фæ- лæуу ма, фæлæуу, куы ницы загъта разыйæ... Тагьд-тагъд ацыд цингæнгæйæ. ЦЫППÆРÆМ НЫВ Культурæйы хæдзары кæрт. Бæлæстæ, бандæттæ... Сценæйы иу кæ- рон зыны культурæйы хæдзар. Иумæйаг æмбырд фæци. Цæуынц адæм æм- бырдæй къордгæйттæй, иутæ дзы ацыдысты, иннæтæ, фыццаг хицæн къор- дтæй быцæу ныхас кодтой, стæй æрбаиу сты. Ныхасгæнгæ рацыдысты Хъасболат, Тамарæ æмæ Хазби. Хъасболат уыд тынг мæсты. Æртæйæ дæр ацæуынц. Кæрты баззадысты X ъ а у ы р - бег, Гацыр, Шамил, Муссæ, Миха, Надорæт, Залихан, Хæмæт. 40
Ш а м и л. Ахæм ма дзы æмбырд уа. Никуы ма нæм уыд ахæм æмбырд. Фыццаг хатт раныхас кодтон лæгау. Мæхиуыл дис кæнын. X ъ а у ы р б е г. Йæ цæрæнбон бирæ Æхсарæн, уæл- дай дзырд куыд никæй уагъта! Науæд Темырæн цытæ бакуыста: дæ дзуаппон доклад, дам, фондз минутмæ фæу. Ш а м и л. Цы пырх ын ныккодта! Диссаг мæм фæкаст. Хъауырбег. Парторг хъуамæ ахæм уа, гъе. Мæ зæрдæ дзы ноджы тынгдæр барухс. Г а ц ы р. Æниу бирæ дзурын чи уарзы, уыдоны куыд æл- хъывта: æртæ минутмæ, дам, дæ хъуыдытæ зæгъ æмæ сбад. Ар- гæвста сæ æнæ кардæй. М и х а. Йæ рынтæ мæ уд бахæрæд, афтæ сын хъæуы, йæ цæрæнбон бирæ ’рбауа. Кæннод сæ бирæтæ сахуыр дзурын, са- хат фæдзуры, фæлæ куырой ривадæй куыд фæзила, уыйау дзы армы ницы баззайы. Г а ц ы р. Темыры дæр сæ уæлныхты куы ахастой, уæд куыд срæмыгъта. Хъасболатмæ дзы куыд æрлæвæрдта, уый та бынтон ничи уыд æнхъæл: специалисттæм, дам, нæ хъусыс, æф- хæрæн ныхас, хъæрахст кæныс, никæй ницæмæ дарыс. Хъауырбег. Йæ зæрдæйы кæмæн цы уыд, уый æр- гом дзырдта, цыма сæ дзыхты гуыдыртæ феуæгъд сты. Ш а м и л. Хъасболатмæ нæ хъуыстат, раздæр Темыры фарс хæцыд, стæй Темыр йæ ныхмæ куы сдзырдта, уæд æй йæ бынатæй исыныл ныллæууыд. 3 а р е м æ. Æмæ тынг раст уыдаид, исын æй хъуыд йæ бынатæй, цы загьта ногæй йæ доклады? Темыр кæй дзырдта, уыдонæй сымах цы нæ зонут? Сæйраг агроном ахæм ныхæстæ фæкæны? Фылдæр, хуыздæр æмæ асламдæр тыллæг куыд рай- сæн ис, ууыл нæ дзырдта, фæлæ бабайыл хахуыртæ кæны, æдзæсгом. Кæд лæг у, уæд ын раздæр цæуыннæ дзырдта уыдон! Мысæггаг ныхæстæ. Мæ уд сцæйхауд, бабайæн афтæ дæр йæ зæрдæ риссы æмæ, зæгьын, куы ахауа... Г а ц ы р. Ныллæууыд, фæлæ йæ Æхсар уагъта йæхи бар? Æмæ афтæ кæй зæгъы: "Æнæ партком специалисттæн, партийы уæнгтæн сæ бынатæй исæн нæй", уый расту. Кадрты фарста пар- ти никæмæ ратдзæн. Æхсар раст у. 41
Ш а м и л. Уæлдай хуыздæр та мæм дыккаг фарста фæ- каст. Æз хъуыды дæр никуы акодтон, нæ колхозы, нæ хъæуы ма исты аразын хъæуы, ууыл. М у с с æ. Æхсар йæхи зондцжын хоны, фæлæ ахæм æдылы ныхæстæ фæкæны æмæ йæм кæсгæйæ баззайын. Къæм- дзæстыг, дам, стæм кусæг кълас æмæ интеллигенцийы раз. Мур къæмдзæстыг дæр не стæм. Мах куынæ кусиккам, уæд цы схæ- риккой? Афтид дон æмæ уæлдæфæй цæриккой? Даргæ сæ мах куы кæнæм. Хъауырбег. Рæдийыс, Муссæ. Æмбырды дæр раст нæ дзырдтай. Дæ хæдзары радио, телевизор, уазалгæнæн, гæрз- тæхсæн, рыгцъирæн машинæтæ ис? М у с с æ. Уыдон алкæмæ дæр сты. Хъауырбег. Ног хæдзар сарæзтай? "Жигули" бал- хæдтай? М у с с æ. Канд æз нæ, бирæтæ дæр. Уый æндæр ны- хас у. Хъауырбег. Дæ хæдзары дон, электрон рухс ис? Газ дын дæ къæсæрмæ ласынц? М у с с æ. Æз уыдоныл куынæ дзурын. Хъауырбег. Дуканимæ куы бацæуыс уæлæдарæс, къахыдарæс æлхæнынмæ, уæд сæ равзар-бавзар, раппар-баппар куы фæкæныс, хуыздæрæй-хуыздæр куы фæагурыс. М и х а. Худæджы лæг дæ, Хъауырбег, дæ рын бахæрон. Искуы дæр ма фосы астæуæй барвæндонæй мæллæг кусæрттаг равзæрстæуыд? Иухатт мæн ахæм бар уыди. Адæймаг æнæфсис кæм нæу — фосы астæуæй равзæрстон се ’ппæты стырдæр æмæ нарддæр фыр. Бæндæн ын йæ сыкъатыл бабастон, йæ иннæ кæ- рон ын мæ цонгыл æртыхтон æмæ йæ ракæнын. Уый дын хæрд- мæ гæпп кæнын куы байдаид, мæн йæ фæдыл куы иуæрдæм, куы иннæрдæм скъæфы, мæ бон æй бауромын нал уыд, суадзын та йæ мæ цæст нæ уарзта. Мæ худ кæмдæр ахауд, мæ къæхтæ мæ быны нал цыдысты, мæ уд сцæйхауд. Зæххыл мæ тъæпп куыд фæ- цыд, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Уый мæ иуæрдæм тъæпп кæ- ны, иннæрдæм тьæпп кæны, йæхи тоны. Загътон, ме сæфт æр- хæццæ, худинаджы мардæй мæлдзынæн: тыхамæлттæй бæндæн раРцæлдтон мæ цонгæй, фыр алыгъди, æз хуысгæйæ баззадтæн. 42
Хъауырбег. Миха, бахатыр ма кæн, дæ хъазæн ны- хас уал фæуадз. Зæгъ-ма, Муссæ, искуы базары уыдтæ? М у с с æ. Æмæ дæ уый та цæмæн бахъуыд? X ъ а у ы р б е г. Ау, ницæуыл ахъуыды кæныс? Дæ цæсгом сырх нæ фæкæны? М у с с æ. Цæмæн хъуамæ? Давæг дæн? Æви искæмæй хæсджын дæн? Хъауырбег. Горæты цæрджытæ туджы аргьæй ур- ссаг, сойаг, дыргь, халсар куы фелхæнынц, уæд ды ницæуыл ахъ- уыды кæныс? Дзидза, æхсыр, продукттæ арæх балхæнынмæ нæ вæййынц. М у с с æ. Уым æз цы аххосджын фæдæн? Хъауырбег. Алырдыгæй спекулянттæ цæуынц æмæ стигьынц адæмы царм. М у с с æ. Цæй-ма, ды дæр мын Æхсары ныхæстæ ма райдай! Æнæхъæн горæты дарын мæнмæ кæсы æви? Хъауырбег. Райсын уарзыс, радтын дæ нæ фæн- ды. М у с с æ. Хъасболаты загъдау, сынтæгæй дарддæр къæхтæн уадзæн нæй, сийгæ кæнынц. Г а ц ы р. Æхсары пълан кæмæ нæ бахъардта, уыимæ цæуыл дæ сæр риссын кæныс. Хорз у, æмæ ахæм гуымыдза, ахæм къутуйы мыстытæ арæх не сты, æндæр бæсты сæфт æрцæ- уид. М у с с æ. Уæдæ мын æрхъуыды кодта пълан фондз æмæ ссæдз азæн, цыма йæ уæд Хъасболат ныры онг нæ сарæзтаид. М и х а. Ма рæдий, ма рæдий, Муссæ. Æнæпълан лæг, æнæпълан хæдзар, мæ хуртæ, раджы дæр æгад уыд, фидис-иу дзы кодтой. Нæ тæрхоны лæгтæ-иу ныхасы дзæгъæлы бадтысты? Уыдон дæр-иу фидæныл дзырдтой, пълантæ-иу кодтой. X æ м æ т. Райсом цы уыдзæн, уый куы ничи зоны, уæд уыдон цытæ æрхъуыды кодта Æхсар? Мæнæу, дам, алы гектарæй дæр фондзыссæдз центнеры æрзайын кæнæм, æхсыр, дам, алы дуцгæ хъугæй дæр афæдз райсæм æхсæз-авд мин литры. Æз ын зондджындæр æнхъæл уыдтæн. Хъауырбег. Фондз æмæ ссæдз азы размæ исчи куы загьтаид, абон дыууиссæдз центнеры мæнæу исдзыстæм гек- 43
тарæй, уæд æй дæ хуызæттæ схуыдтаиккой сæнттæ цæгьдæг, сæрхъæн. X æ м æ т. Зæххæн йæ бон фылдæр дæттын нал у... Ай диссаг нæу, цæуыннæ, дам, æууæндыс парторгыл? Уымæн æмæ сæнттæ цæгъды, аргъæуттæ кæны. Кæнæд сæ сывæллæттæн, мæн нæ хъæуынц. Сымах та, Надорæт, куыд сразы стут Æхсары пъланыл, куыд райсынмæ хъавут авд мин литры æхсыр иу хъугæй? Уæ сæры зонд уын разилын кодта нæ парторг. Н а д о р æ т. Цæмæн зæгъыс, Хæмæт, мах кæмæй æгуыдзæгдæр стæм? Абон нæ иутæ дуцынц цыппар-фондз мин литры; ис райсæн æхсæз-авд мины дæр. Заремæ хорз куы загъ- та, æхсыры куыст наукæ у æмæ йæхимæ дæр домы наукон цæс- тæнгас. Ахæм цæстæнгас куы уа, уæд æхсыр дæр уыдзæн. М у с с æ. Æрмæст, дам, мæнæу æмæ æхсыры куыст кæ- нæм. Æмæ картоф, нартхор æмæ æндæртæ та æлхæнгæ кæндзы- стæм? Йæ фæнд атардта, сымах дæр сразы стут, суанг ма Хъас- болатмæ дæр нал байхъуыстат, мæнмæ нæ, фæлæ. Г а ц ы р. Æмæ ды дæ кортойæ дзæбæх куы ахъуыды кæ- нис, уæд сразы уаис немæ. Иннæтæй хæрыны фаг уыдзæн æмæ æгъгъæд у. Мæнæу æмæ æхсырыл специализаци куы кæнæм, сæ хиаргъ сын æртæ-цыппар хатты куы фæкъаддæр кæнæм, уæд уый стыр пайда уыдзæн паддзахадæн дæр æмæ колхозæн дæр. Æф- тиæгтæ дзы исдзыстæм минтæ нæ, фæлæ милуантæ. М у с с æ. Уæдæ колхозы авд сахатон кусгæбон куыд аразынмæ хъавут? Дыууæ хатты къаддæр куы кусай, уæд дыууæ хатты къаддæр кæй исдзынæ, уый дæ сæр нæ ахсы? Стæй нæм иу рады куыстæн адæм куынæ фаг кæны, уæд дыккаг рады куыстмæ та мæрдты уæлмæрдтæй ракæндзынæ? Н а д о р æ т. Мах, хъугдуцджытæ, тынг æхсызгонæй сдардтам нæ къухтæ Æхсары пъланыл. Æз мæ дыууæ къухы дæр сдардтон. Ды нæлгоймаг дæ, дæуæн æнцондæр дзурæн у, фæлæ ма нын мæнæ нæ къухтæм æрбакæс — уыдон сылгоймаджы къух- тæ сты, сæрдæй, зымæгæй сæ бон-изæрмæ уазал доны дарæм, ныппырх, ныскъуыдтæ сты. Сыгъд ссæуæд уыцы абанайыл — нæй æмæ нæй, фæлæ нæм хъарм дон дæр нæ вæййы. Ахст адæмæй уæлдай нын фермæйæ рацæуæн нæй, нæ хæдзар фермæйæ ба- ивтам. Афтæ нæу, Залихан? 44
3 а л и х а н. Надорæт раст зæгъы, Æхсары пълан, цæ’- мæ бæллæм, уый у. Дæуæн, дæ ус йæ цард сарæзта, мой скод- та, сывæллæттæ рауагьта æмæ дæ хæдзары бады. Мах та фер- мæйы цæрæм, æнамонд цард кæнæм, баззадыстæм æнæ моймæ ацæугæ, кæд сарæзтаиккам нæхи, кæд ацыдаиккам хъазтизæр- тæм, кино, театрмæ, кæд фембæлдаиккам нæхицæн цардæмбæл- ттыл? Мæ къæйных ныхас мын бахатыр кæнут, фæлæ мæнæн уæлдай нал у, чи фенамонд, уый фенамонд. Нæ тæригъæдæй фæсмойнагæй фæцæуæд, кæй аххосæй афтæ цæрæм, уыдон. Нæ сусæг, нæ худгæ фыдызнæгтæ сты уыдон, хæдзархæлд фæуæд. Æмæ, дам, дыууæ сменæйы чи кусдзæн — ракæнут уæ устыты. Н а д о р æ т. Канд нæхи тыххæй нæ дзурæм, мах ма цы, фæлæ нæм æрыгон чызджытæ æрбацыд кусынмæ æмæ тæригь- æд сты. Г а ц ы р. Дыууæ радæй куы кусиккам, уæд нын мæнæ Шамил дæр лидзыныл нæ ныллæууид, тыххæй ма йæ куы уро- мæм. X æ м æ т. Дыккаг рады иу кусæг дæр нæ уыдзæн. 3 а л и х а н. Æз та зæгьын — уыдзæн. Дæ усы ракæн, бон авд сахаты куы акуса, уæд йæ астæу нæ асæтдзæн. Мах дзы цыппар æмæ ссæдз сахаты куы вæййæм, æрвылбон. Н а д о р æ т. Куыстхъом адæмæй чи цæры нæ хъæуы, уыдонæн се ’мбис дæр колхозы нæ кусы, Æхсармæ нæ хъуыстай, куы сæ нымадта, стæй сæ нæхæдæг нæ зонæм? Ш а м и л. Мæ цæстытыл уайы хъæуы астæу стыр ног скъола, бæрзонд цыртдзæвæн революцийы, хæсты æмæ фæл- лойы хъæбатыртæн. М у с с æ. Ныууадзут ма уыцы æнæпайда ныхæстæ. Хаз- би цы скъола æмæ спортивон комплексы кой кодта, ахæмтæ мах уынгæ нæ, фæлæ хъусгæ дæр никуы фæкодтам: дыууæ æхгæд бассейны, дам, сæ иу кæстæртæн, иннæ хистæртæн; хоккейæ æмæ къахдзоныгътыл хъазæн аразгæ их кæм уа, ахæм агъуыст æмæ дзы цытæ нæ фæнымадта, Æхсары низæй фæрынчын нæ директор дæр. Сывæллæттæн, дам, музыкалон, спортивон, аива- дон æмæ æндæр скъолатæ саразæм. Ш а м и л. Æмæ нæ хъæуынц? 45
М у с с æ. Цæмæй, цæмæй? Уæ зонд куы фæцыд уе ’ппæтæн дæр. Митæй мæсгуытæ амайут? Г а ц ы р. Нæ тугвæллойæ, Муссæ. Хъустæ дыл нæй пъланы бæлвырд фыст куы сты. М у с с æ. Искуы дæр ма уый æрцыд: канд нæхи уынаф- фæты ныхмæ нæ, фæлæ ма уæлдæр хицауады уынаффæты ных- мæ дæр рацыдыстут Æхсары зондæй. Уый йын афтæ нæ батай- дзæн. Уыцы фермæйыл дарæм нæ зæрдæ дзидзайы пълан æх- хæст кæнынæн, ныр дам æй æрдæг арæзтæй ныууадзæм. Æмæ та сразы стут... Уæ номæй курдиат арвитдзæн... Г а ц ы р. Урсдоны был бæлæсты бын, цъæх нæуыл сыгъ- дæг уæлдæфмæ хъыбылты бæсты дæ сабитæ куы хъазиккой, уæд хуыздæр нæ уаид? Æви дын уæлдай нæу? М и х а. Гацыр, æмæ ды хъыбыл цы хоныс? Хъыбылмæ знаджы цæстæй ма кæс. Иуæй-иу æнамонд боны гуырд, фыдгæ- нæгæй хъыбыл схæссын хуыздæр у. Хъуыддаг райдыдтай, уæд æй кæронмæ ахæццæ кæн, æмбисыл ын уадзæн нæй. X æ м æ т. Æз не ’мбарын, куыд цæрæн ис æнæ милицæ, æнæ хъахъхъæнæг. Коммунизм райдыдта? Паддзахады хъуыддæг- тæм та цæмæн æвналæм? Хъауырбег. Хъуамæ йæ мах хъæуæй райдайæм. Не ’ппæт дæр иумæ сыстдзыстæм æмæ хъазуатон тохы бацæ- удзыстæм æгъдаухалджытæ, расыггæнджытæ, давджытæ æмæ марджытимæ. М и х а. Уæуу, мæнæ мыл мæрдырох куыд бафтыд, иу ног хабар уын куыннæ радзурын. Сфæнд кодтон фырытæ бирæ скæ- нын. Ш а м и л. Æмæ сæ цы кæныс? Чындзæхсæв, мыййаг? М и х а. Алы хæдзары дæр хъуамæ уа æппынкъаддæр æр- тæ фыры. Хъауырбег. Фырæй цы пайда ис, Миха, фæлтау фысвос фæфылдæр кæнæм. М и х а. Æрмахуыр фыр цы пайда радта, уый мин фысы дæр нæ ратдзысты. Ш а м и л. Нæ дæ ’мбарын, Миха. М и х а. Æмæ ды кæд цы бамбардзынæ. Газет дæр нæ фæ- кæсыс? Иу расыггæнагæн фыр цытæ бакуыста, уый нæ зонут? 46
X æ м æ т. Цы йын хъуамæ бакуыстаид? М и х а. Расыг лæг ма тыххæйты сæ кæрты дуармæ ба- хæццæ æмæ уым хъæдыл æрбадти. Уайтагьд æркув-æркув кæнын райдыдта, уæдæ цы уыдаид. Фыр æм бирæ фæкаст, стæй фæс- тæмæ-фæстæмæ дард фæцыд æмæ уыцы иу тахт æрбакодта æмæ дæ фыдгул афтæ... лæгæн йæ^сæры пырх акалд. Уæдæй фæстæмæ нозт йæ дзыхмæ дæр нал схаста. Н а д о р æ т. Æмæ ма ирвæзгæ фæкодта? М и х а. Расыггæнаг мардæй уæлдай нæу. Æз фырыты афтæ сахуыр кæндзынæн, æмæ-иу расыг лæджы йæ цыдмæ гæс- гæ, йæ цæстæнгасæй куыд базоной, уæнгсæстытæ-иу куыд фæ- кæной гуыбындзæлы, худинаггæнджыты, цардхалджыты. Скæнут уæ хæдзæртты æрмахуыр фырытæ, мæ зондмæ байхъусут, уæл- дайдæр сымах, сылгоймæгтæ... М у с с æ. Æгæр бирæ сты, нæ фæуыдзысты цагьд. Ноз- ты ныхмæ тохæй ницы рауайдзæн, адæм æй нуæзтой, нуазынц æмæ нуаздзысты. Ш а м и л. Цавæр лæг дæ, Муссæ, истæмæй ма афтæ зæгь, уый хорз у, уый раст у, ууыл разы дæн. М у с с æ. Æхсар æгæр авнæлдта. Æгæр арф аныгъуылд стыр хъуыддæгты уылæнты. Ахæм пълантæн се ’рымысын зын куы у, уæд се ’ххæст кæнын кæй бон бауыдзæн? Цалынмæ уыдон арæзт æрцæуой, уæдмæ махæй уæлæуыл ничиуал баз- зайдзæн. Г а ц ы р. Муссæ, æргом ма зæгъ дæ хъуыды, цæрæнбон- ты æмбæхст ныхас кæныс, галиумæ та симын куы райдыдтай. М у с с æ. Æргом дæр æй зæгъдзынæн. Æз цæрынмæ дыккаг хатт нал райгуырдзынæн, хъуамæ абон исты фенон цар- дæй, мæ хай дзы хъуамæ ратонон... Г а ц ы р. Хорз дзы тоныс, кæд дын бæсты цæуы, уæд. Ам ныхас иугай адæймæгтыл нæ цæуы, фæлæ нæ колхоз, нæ хъæуы рæзтыл, йæ фидæныл. М у с с æ. Хуыцау мын иу уд радта æмæ мын афтæ загь- та: "Мæнæ дын, Муссæ, уд, айс æй æмæ йæ дарын базон, куынæ йæ зонай дарын, уæд дын æй фæстæмæ айсдзынæн". Тынг раст зæгьы Хъасболат, фыццаг уал абоны куыст, абоны цардыл дзурын хъæуы, стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. 47
Хъауырбег. Ныхъхъус у цæй, фæстæзад, талынг зонды хицау. Партийы цæсгом чъизи ма кæн, ды йæ рæнхъыты уай, уый аккаг нæ дæ! Цомут, ахæмтимæ фæнды дзур, фæнды ма. Рацыд Т е м ы р. Т е м ы р. Æмбырд раджы куы фæци, цы ма кусут ам? X æ м æ т. Дæу дæр дзы фаг фæци, æрдуйы хидыл дæ хорз куы ауайын кодтой. Т е м ы р. Тынг раст бакодтой. Лæг йæ бартæй куынæ пайда кæна, уæд йæ хæстæ дæр нæ феххæст кæны. X æ м æ т. Хъасболаты ныхмæ сдзур... Лæг дæ сарæзта, ахуырмæ дæ арвыста, колхозæй ма дын стипенди дæр фæфыста, сæйраг агрономмæ дæ схæццæ кодта... Хорз ын бафыстай йæ хæрзтæ, уæдæ цы вæййы! Ахæм лæгыл цъыфкалæнтæ фæкæн. Т е м ы р. Мæнæй йæ ды фылдæр нæ уарзыс. Нæу мæ рох йæ хорздзинад. Цъыфкалæн ыл нæ кæнын, цы загътон, уый æргом, адæмы раз. Мæнгæй цы загътон, фæстаг рæстæг сси бынтон тызмæг, æгъатыр. Не ’ппæты бæсты кусынмæ хъавы æмæ ма дзы уæд мах та цæмæн хъæуæм. Фæлæ сыл не ’хæссы иунæ- гæй. X æ м æ т. Фенин уæ, уæхи бар куы баззаиккат, уæд. Хæ- рынвæнд æй скодтат Æхсаримæ, фæлæ уын дзы ницы рауайдзæн, уæ дæндæгтæ ныссæтдзыстут, нæ уын бакомдзæн. Фидар у ныр- ма. Мах дæр æй нæ ратдзыстæм æфхæрдæн. Т е м ы р. Хæмæт, æз дæр нæ дæн йæ ныхмæ. Фæлæ куырм галы куыст кæдмæ кæнон? Фындцæс азы цæуыл фæцахуыр кодтон? Æз дæр бæрзонд хорæрзадыл кусын, ног фæндæттæ ба- хæссын æмæ та мыл нæ баууæнды. X æ м æ т. Хъасболат уын нæ ныббардзæни йе ’фхæрд. Иууылдæр ацыдысты. Æ х с а р рацыд клубæй æмæ аивæй фæдзырдта: "Заремæ". 3 а р е м æ йæхи фæурæдта. Æ х с а р. Заремæ, афтæ мæм кæсы, цыма ды дæр нæ пъланыл тынг не ’ууæндыс, цыма йыл хъæлæс æрмæст мæн тых- хæй скодтай? 3 а р е м æ. Бирæ дзы ис дызæрдыггаг хабæрттæ. 48
Æ х с а р. Æнцондæр æмбарæн уыдзæн фондз фондзазо- ныл æй куы фæдихтæ кæнæм, фондзазонты афæдзгай, уæд. Фыц- цаг азы пъланмæ ма бахастон иу ахсджиаг пункт, кæд фыст нæу, уæддæр. 3 а р е м æ. Цавæр у цымæ? Æ х с а р. Нæ чындзæхсæв. Æгъгъæд у рамбæхс-бам- бæхсæн. Рæстæг цæуы, бæрнон куыстæй нæ кæрæдзимæ куы не ’вдæлы, уæд уый цы цард у. Чындзæхсæвæн дарддæр иргъæвæн нал ис. Куы йæ зоныс, æнæ дæу мæ бон цæрын нал у. Ды хъуа- мæ æдзухдæр мæ фарсмæ уай. 3 а р е м æ. Нæ, Æхсар, ницы рауайдзæн дæ фæндæй. Махæн чындзæхсæвгæнæн нæй. Бирæ цæлхдуртæ ис мæ размæ. Æ х с а р. Никæйы цæлхдур бауромдзæн мæн. 3 а р е м æ. Фыццаджыдæр бабайæн иунæгæй уадзæн нæй. Æ х с а р. Ус ын æрхæсдзыстæм. Дæ фермæйы хæринаггæ- нæгæй кусы замманайы хæрзконд, хæрзæгьдау сылгоймаг Зæрæда. 3 а р е м æ. Уымæн дæр та дæ пълан конд куы у. Дык- каджы та ныртæккæ нæ рæстæг нæма у. Æ х с а р. Нæ рæстæг ивгъуыд у, ме ’мгæрттæн сæ саби- тæ скъоламæ цæуынц, уæдæ ды дæр гыццыл чызг нал дæ. 3 а р е м æ. Нæ дæ бамбардзысты адæм: колхозы сæр- дарæн йæ сиахс парторг, йæ чызг —- фермæйы хицау. Зæгьдзы- сты, колхоз сæхи бакодтой, фыссын уыл райдайдзысты, дæ цард дын сæнад кæндзысты. Фæлтау... Æ х с а р. Æгьгъæд у ахæм фæстæзад зондахастыл хæцы- нæн. Кæдмæ цæрæн ис уыцы гуымыдза хъуыдытимæ? Афон у сæ ферох кæнынæн, тыхсынц нæ къæхтыл æмæ нæ размæ цæуынмæ хъыгдарынц. Адæймаг сыгьдæгзæрдæйæ, хъазуатонæй, удуæл- дайæ куы куса нæ иумæйаг хъуыддагыл, нæ рухс фидæн аразы- ныл, уæд æй къуылымпы кæнын нæ хъæуы, æрвад уа, хион уа, чи фæнды дæр уæд. 3 а р е м æ. Уый раст у, фæлæ уæдцæр хицауадмæ раст нæ фæкæсдзæн. Стæй ууыл баба дæр не сразы уыдзæн. Æ х с а р. Ау, нæ цард куы баиу кæнæм, уæд цы стæм, уый нал уыдзыстæм? Куыстмæ, цардмæ, адæммæ, æхсæнадмæ нæ цæстæнгас аивдзыстæм? 4 Царды хос 49
3 а р е м æ. Раст дзурыс, æмбаргæ дæ бæргæ кæнын, фæлæ дзы ницы рауайдзæн... Æ х с а р. Уæдæ мын цы кæнын кæныс? 3 а р е м æ. Нæ зонын... Æ х с а р. Мæ куыст ныууадзин æмæ мыл колхозы комму- нисттæ се ’ууæнк куы бафтыдтой. Цыма мæ уынаффæтæ сæ зæр- дæмæ цæуын байдыдтой, афтæ мæм кæсы. Куыд фæуадзон æр- дæгыл, цы стыр хъуыддаг райдыдтон, уый. Нæй, нæй йын ныу- уадзæн! 3 а р е м æ. Нæ, нæ! Дæ куыстæн уадзæн нæй, уæлдай- даёр та адæм базмæлыдысты, цыдæр ног хъуыддæгтæм æнхъæл- мæ кæсынц, сæхи цæттæ кæнынц уыцы пълан æххæст кæнынмæ. Кæдæм фæнды бацу, æндæр кой ницы ис, афтæ дæр нæм уыдзæн, уфтæ дæр уыдзæн, ног æмæ ма ног цыдæртæ хъуыды кæнынц. Æ х с а р. 0, фæлæ Хъасболат цæхгæр ныллæууыд пъла- ны ныхмæ. Тыхджын, зондджын, кадджын хистæр æмæ стыр фæл- тæрдджын сæрдар, афтæмæй йæхи лæмæгъæй æвдисы: хъæр кæны, æппынæдзух æфхæрæн ныхас, уайдзæф. 3 а р е м æ. Баба ахæм тызмæг нæу. Смæсты вæййы, сфыцы, стæй... Йæ мæстæй цы хъуыддæгтæ акæны, уыдоныл фæсмон фæкæны. Æ х с а р. Уырны мæ, сразы уыдзæн мемæ, бамбардзæн мæ. 3 а р е м æ. Нæ зонын, нæ зонын... Æ х с а р. Ныббар мын, Заремæ, уæддæр та пъланы кой- мæ рахызтæн, хатыр, хатыр, хатыр. 3 а р е м æ. Мæнгæн нæ фæзæгьынц, рынчынæн, дам, йæ низы кой æдзухæй дæр йæ дзуринаг. Æ х с а р. Цыбырдзырдæй, Хъасболатæн зæгъ, мæнæй уый, зæгъ, куры, цæмæй йын бар радтай минæвæрттæ барвиты- нæн. 3 а р е м æ. Нæ, нæ... Фæлæу... Баба ныртæккæ ууыл нæу. Тынг мæсты, тынг тыхст у... Æз цæуон... Фæцæуы. 50
Æ х с а р. Нал, Заремæ, нал, лæугæ нал. Тæккæ райсо-м уæм минæвæрттæ æрвитын. Ахæм минæвæрттæ, ахæм, æмæ разыйы дзуапп куыд æрхæссой дæуæй æмæ дæ фыдæй. Æмбæрзæн ДЫККАГ АКТ ФÆНДЗÆМ НЫВ Хъасболаты хæдзар. Къомнæтæй цæуы æртæ дуары: иу — кæртмæ, иннæ — хуыссæн уатмæ, æртыккаг — къухнæмæ. Къомнæты астæу стъол, бандæттæ, къулрæбын — диван, къуымы — телевизор, йæ фарсмæ — чингуыты скъапп, скъаппы сæр дидинджытæ дурыны. Хъасболат тынг мæс- тыйæ рацу-бацу кæны, абады куы стъолы фарсмæ, куы диваныл. 3 а р е м æ. Баба, цæй-ма, æгæр ма мæсты кæн, дæ зæрдæ та срисдзæн. Æхсæвæр дын æрбахæссон? Хъасболат. Ахæм ма диссаг æрцæудзæн?.. Кæнæ иууылдæр æрра систут, кæнæ æз ницыуал æмбарын. Искуы дæр ма уый æрцыд — цæрæнбонты кæимæ куыстой, сæ цард сын чи сарæзта, колхоз фæстæзадæй раззаг чи скодта, йе ’ппæт цард колхозæн чи снывонд кодта, уымæ нал хъуыстой, фæлæ-иу къу- хæмдзæгъд сарæзтой, нырма йæ фындз сæрфын рæстмæ чи нæ зоны, уыцы сæрхъæнæн. 3 а р е м æ. Æрсабыр у, дæхи ма хæр. Тынг дзæбæх дæм хъуыстой, фæлæ ды ногæй ницы дзырдтай... Æхсар та ног хабæрттыл, ног хъуыддæгтыл дзырдта. Адæмы зæрдæмæ дæр уымæн цыдысты йæ ныхæстæ. Хъасболат. Цас кусын сæрдарæй, цас æмбырдтæ нæм уыд, нымæц дæр сын нæй. Абоны æмбырд мын мæ астæ- уыстæг асаста. Тынгдæр мæ зæрдæ кæуыл дардтон, уыдон дæр сразы сты парторгы ныхæстыл æмæ схъæлæс кодтой, æрцæуæн кæмæн нæй, ахæм аргъæуттыл. Æппын сæрæй ма ахъуыды кæн... Мæ мастыл ма мын ды дæр цæхх хорз айзæрстай! Уæдæ мын æн- дæр цы фæуай! 3 а р е м æ. Дзæгьæлы мæм мæсты кæныс; æз æууæн- дын, уыцы пъланæй бирæ хъуыддæгтæ кæй ис сæххæст кæнæн, 51
ууыл, æмæ сыл хъæлæс дæр уымæн скодтон. Уым цы аххосджын дæн? Хъасболат. Дæ фыды кадыл та куыннæ ахъуыды кодтай? Сымахæн æнцон у: дæ зæрдæ дæм цы сдзура, уыдон пъланмæ бахæсс æмæ сæ ме ’ккоймæ æрбаппар — хæсгæ, Хъас- болат, æххæст нын кæн нæ уынаффæтæ, йæ кад та сымахæн... Афтæ ма ахъуыды кæн: куыд, цæмæй, кæм, чи араздзæн уый бæрц галуантæ... Иу хъæуы нæ — иу районы дæр уый бæрц никуы сараздзысты. 3 а р е м æ. "Хъуамæ адæймагæн йæ размæ уа исты стыр бæллиццаг нысан, кæннод æнкъард у цард" — афтæ-иу куы дзырдтай. Хъасболат. Махæн ис иумæйаг хъуыдцаг, стыр ны- сан — ног цард аразын! Кæд æй ныры онг нæ бамбæрстат, уæд уемæ лæг цæуыл хъуамæ дзура... Бакæсæд ма йæм исчи! Куыд бауæндыд мæ ныхмæ сдзурын! Къулбадæг! 3 а р е м æ. Дæ ныхмæ куы ницы дзырдта. Хъасболат. Йæ митæ иууылдæр мæ ныхмæ арæзт сты, фæлæ сыл фæсмон тагьд фæкæндзæн. Æз ын цытæ акус- дзынæн, уый зонгæ дæр нал бакæндзæн. 3 а р е м æ. Цас тынгдæр йæ ныхмæ дзурай, уый бæрц адæм та дæхиуыл стырзæрдæ кæныс. Æргом рæстытæ куы фæдзуры, уæддæр та ды йæ ныхмæ æнæсдзургæ нæ фæлæууыс. Хъасболат. Рæстытæ, рæстытæ! Адæмы змæнты, митæй сын мæсгуытæ амайы æмæ йыл дæ хуызæн тæнæг сæртæ баууæндынц. Дæумæ гæсгæ йæ размæ чи куыста, уыдон-иу æп- пын рæстытæ никуы дзырдтой? Фæлæ мемæ кæрдодзæгьдæн нæй, æмæ та-иу сæ курдиæттæ райкомы смидæг кодтой, кæнæ та-иу сæ ахуырмæ арвыстон, гье та-иу сæ уæлдæр бынатмæ ба- ивын кодтон. Мæн ма хъыгдарæд æмæ кæмфæнды дæр уæд. Цы куыдз йæ бынаты нæ хуысса, уый бирæгътæ хæссынц. 3 а р е м æ. Цæрæнбонты æмбырды йæ дзых чи не схæ- лиу кодта, уыдон дæр куыд зæрдиагæй дзырдтой, цы хорз фæн- дæттæ хастой. Хъасболат. Мæ цæстыты раз хъомыл кодтой, аф- тæмæй куыд рæзтысты, уый нæ хатыдтон. Цыма æндæр искæй колхозы æмбырд уыд... Æцæг, æцæг, куыд хорз дзырдтой, цы зон- 52
дцжын ныхæстæ кодтой... Кæнæ æз цыдæртæ нал æмбарын, кæ- нæ та нæ колхозонтæ абон бынтондæр æндæрхуызон фесты... Æмбаргæ, зондджын, барджын ныхас райдыдтой. Уыдонæн тых- джын, зондцжын разамонæг хъæуы... Æвæццæгæн, æз фæзæронд дæн... 3 а р е м æ. Цытæ дзурыс, баба! Нæ колхоз раззагдæр- тыл нымад куы у. Нырма ды бирæ æрыгæттæй æрыгондæр дæ... Цæй, æхсæвæр бахæрæм, æххормаг мын у! Ацæуы къухнæмæ. Хъасболат (иунæгæй). Колхозы хордæттæ хорæй куыд цух кæнынц, афтæ сæ дзаг кæнæм ног æмæ ног хорæй, хуыздæр хорæй. Азæй-азмæ къаддæр нæ кæнынц, фæлæ фылдæ- рæй-фылдæр. Мæхи къæбицæй (ацамыдта йæ сæрмæ) дæсгай азты æнæвгъауæй исын, исын æмæ исын. Æвæргæ та дзы цас кæнын? Фаг нæ... Хæрз гыццыл... Нæ мæ ’вдæлы... Афтæмæй рæ- стæг аивгъуыдта: о, рæстæг, рæстæг. Цæй тыхджын дæ, рæстæг. Нæй дын бауромæн иу уысмы бæрц дæр. Цæугæдонау ивылгæ бырсыс размæ, æмгьуыд кæнæ хатыр нæ зоныс: фæлдахыс бы- дыртæ, хъæдтæ, хæхтæ. Цы базæронд, цы нал бæззы дæ дуджы — айсыс, аппарыс æй иуварс дæ фæндагæй. Æвæццæгæн, фæ- зæронд дæн æз дæр. Кæдцæрау де ’мцу нал фæразын абон. Ды та уарзыс, дæ разæй чи цæуа, ахæмты... Æхсары хуызæтты... Цы- мæ кæд аззадтæн дæ фæстæ, кæд асхуыстай мæ рæзты размæ? Куыннæ йæ бамбæрстон ныры онг. Цымæ цæй бæрц фæразæй дæ мæнæй, æнæнцой рæстæг? Рацæуы 3 а р е м æ. Рахаста æхсæвæр, æрæвæрдта стъолыл хæринæгтæ. 3 а р е м æ. Баба, æцæг Миха ус курынмæ хъавы? Хъасболат. Зæронд сæлхæр у æмæ йын цы нæ бантысдзæн. 3 а р е м æ. Дæуæй цал азы хистæр у? Хъасболат. Дæс азы бæрц уыдзæн. Æмæ мæ цæ- мæн фæрсыс? 3 а р е м æ. Зæгьын, дæуæн дæр бæргæ у афон хъуыд- даг бакæнынæн. 53
Хъасболат. Дæ цæсгом бынтон суагътай... Кæд, мыййаг, сфæнд кодтай мой кæнын, уæд мæныл ма тыхс... 3 а р е м æ. Кæй зæгьын æй хъæуы, нанайы нын ничи раивдзæн... Фæлæ афтæ дæр куыд цæрдзыстæм. Нæ фермæйы хæринаггæнæг Зæрæда мæ зæрдæмæ цæуы. Хъасболат. Æрра сдæ æви цытæ дзурыс? Ныр- тæккæ мæ æндæр ницы ’ндавы? Æз мæстæй тонын, мæ сæрыл куырой зилы, уый та йæ хынджылæгмæ бахæццæ. Цалынмæ мæ маст ссæуа, цалынмæ уыцы лæппуйы мæ цæст уына, уæдмæ мæ- нæн æнцад æнцой нæ уыдзæн... Мæхицæй барджындæр, тых- джындæр никæй æнхъæлдтон. Кæстæрæй, хистæрæй мæ ныхмæ никуы ничи фæлæууыд. Ацы фыдзыкъуырмæ никæуылты бавналын у мæ бон, æппындæр мæ нæ тæрсы, мæ бартæ мын æрцыбыртæ кæнынмæ хъавы: æнæ партком, дам, нæ дæр куыстмæ райсын дæ бон у, нæ куыстæй сисын. Æмæ ма уæд æз цæй сæрдар дæн? Кадрты фарста мæ къухæй куы ахауа... Нæ! Уымæн уæвæн нæй! Æз ын йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадын кæндзынæн. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, адзалы фæндагыл, дам, мыд конд и. 3 а р е м æ. Омæ йæ дæхицæн бынтон цæмæн сæнад кодтай, адæм æй куы уарзынц, йæ куыст хорз куы цæуы... Хъасболат. Зонын æй, сæрæн лæппу у, стæй цы- ма хæлд дæр нæу. Æгæр цæхæр дæр ма у. Фæлæ мæ ныхмæ цæуы, мæ сафæг у, æгад мæ кæны... Хивæнд галау куы ныццæх- гæрмæ вæййы, уæд ыл фынддæс тракторы куы бабæттай, уæд- дæр æй нæ фезмæлын кæндзынæ. Ахæм хивæнд никуыма фед- тон. Цы хуызы ма дзы фервæзон, уымæн ницыуал зонын. Фæлæ та уымæн дæр æрхъуыды кодтон хос... 3 а р е м æ. Хатджытæ дæм æрбарвитынмæ хъавы. Хъасболат. Ома цавæр хатджытæ? Æз уыимæ ни- куы бафидаудзынæн, махæн иумæ кусæн нæй... Æрфæсмон код- та йæ сæрхъæн митыл? Нæ-æ! Йæ рæдыдтыл басæттæд, хатыр мæ ракурæд адæмы астæу æмбырды. Æмæ ма уæд, чи зоны, ахъ- уыды кæнон — кусдзæн ма, æви нал. Рæдыдыл басæттынæн дæр лæгдзинад хъæуы. 3 а р е м æ. Уый тыххæй йæм иу ныхас дæр нæ уыди. Хъасболат. Уæдæ йæм цæй тыххæй уыди ны- хас? . 54
3 а р е м æ. Æнæуи мæн фарста, бар, дам, мын радтут хатджытæ барвитынæн? Хъасболат. Æмæ йын ды цы загътай? 3 а р е м æ. Загътон, бабайы бафæрсон... X ъ а с б о л а т. Æз та дын, зæгъын, йæ хатджытæ дæр æмæ-иу йæхæдæг дæр колхозонты иумæйаг æмбырды зæгъæнт сæ зæгьинаг. 3 а р е м æ. Омæ, баба, уый æмбырды нæ вæййы. Хъасболат. Вæййы, æз æй æмбырды кæнын, æм- бырды, сусæгæй нæ, фæлæ. Мæ ныхмæ уый канд лæгæй-лæгмæ нæ фæдзуры, фæлæ æмбырды дæр. 3 а р е м æ. Баба, уый дæу тыххæй не ’рвиты хатджы- тæ. Хъасболат. Ницы дын æмбарын, мæ чызг. Уæдæ цавæр хатджыты кой кæныс? 3 а р е м æ. Ныббар мын, баба, фæлæ дæм мæн тыххæй æрвиты хатджытæ. Хъасболат. Ома, куыд дæу тыххæй?.. Цы дам?! Дуар æрбахостæуыд. Æрбайхъуыст хъæлæс: "X ъ а с б о л а т, хæдзары дæ?" Ракаст 3 а р е м æ, йæ разæй æрбахызтысты X а з б и æмæ Хъауырбег. X а з б и. Уе ’хсæв хорз, Хъасболат, æнафоны уазджытæ нæ уадзут? Хъасболат. Алы бон æгас цæут. (Исы сын сæ кьух- тæ). Куыд фæрæдыдыстут, уæлдайдæр ацы æнафоны? Рахизут, рахизут. Бадгæ скæнут. X а з б и. Зыдтон æй, æмбырды фæстæ тыхстхуызæй ра- цыдтæ æмæ, зæгъын, дæ фарсмæ абадæм, аныхæстæ кæнæм. Кæд ма дæм уыцы зæронд сæнæй баззад, уæд дзы фæйнæ бана- зæм. Мæнæ ма Хъауырбеджы дæр мемæ фембал кодтон: иунæ- гæй хæдзармæ зын цæуæн у. Хъасболат. Хорз бакодтат, æрмæст раздæр куы ’рбацыдаиккат, кæннод мæ маст Заремæйыл акалдтон. Хъауырбег. Куысты хыл кæныс, дæ хæдзары хыл кæныс, æнæ хыл кæнгæ та кæд вæййыс? Уазджытимæ дæр хыл фæкæныс? 55
Хъасболат. Ма тæрсут, ма тæрсут... Заремæ, уаз- джыты истæмæйты хорз фен. Кæд мæ мæ зæрдæ гыццыл хъыгда- ры, уæдцæр мын сымахимæ иу сыкъа æнæ баназгæ нæй. X а з б и. Кæд мæнæ Хъауырбег исты бакæна, æндæр æз къуымæлмæ рахызтæн... Ома мæ рисгæ ницы кæны, æгæр дзы баназон, уый дæр мæм никуы уыд. Иуæй-иу хатт мæ иу сыкъа ана- зын дæр фæфæнды, фæлæ кæдæм бацæуай — алы ран дæр мæ ахуырдзаутæ. Уыдоны цур куы баназон, уæд мæ ’фсæрмы нал кæндзысты, мæ цуры ’рбаддзысты, райдайдзысты нуазын... Мæ тамако дымын дæр уыдоны тыххæй ныууагьтон. X ъ а с б о л а°т. Тынг тыхджын лæг дæ, Хазби. Ахуыр- дзаутæ дæ дардмæ куы ауынынц,. уæддæр æмбæхстытæ фæкæ- нынц. Уый хорз у, лæгæй хъуамæ æфсæрмы кæной, кæнæ та тæр- сгæ. Хъауырбег. Уый тыххæй мын Беслæн æмæ Солæ- маны тыххæй æнæ зæгъгæ нæй. Уæхæдæг сæ мæнæй хуыздæр зонут. Хорз ахуыргæнджытæ уыдысты. Беслæнæй иууылдæр тæр- сгæ кодтам, фыд лæг уыди, фыдмитæ-иу нын кодта, йæ урокмæ- иу зындонмæ цæуæгау цыдыстæм. Солæманæй та æфсæрмы код- там, йæ уроктæм æнæ хорз бацæттæйæ цæуæн нæ уыд — æнцад дæм бакастаид, уæзданæй дын ахæм дыууæ ныхасы загътаид æмæ фыр æфсæрмæй дæ цæсты сыгтæ ’ркæликкой. Ныр сæ дыууæ дæр пенсийы сты. Солæманæй ма абон дæр афтæ ’фсæр- мы кæнæм, Беслæнæн та дæ бон хорз дæр нал дзурæм, тæрсгæ нæ, фæлæ, йæ фыдмитæ зæрдыл æрбалæууынц. X а з б и. Ахæм хорз цæттæ ахуыргæнджытæ нæм æрæр- выстой, ахæм. Университеты ма куы ахуыр кодтой, уæд сæ базыд- тон, министрадмæ бацыдтæн æмæ фондз æрыгон ахуыргæнæджы тыххæйты нæхимæ рарвитын кодтон. Хъасболат. Тынг хорз бакодтай, Хазби, дæ цæ- рæнбон бирæ. X а з б и. Хорз бæргæ бакодтон, фæлæ дзы дыууæйæ фæстæмæ лидзыныл ныллæууыдысты. Хъасболат. Цæмæн уæд? Исчи сæ бафхæрдта? X а з б и. Кæм, дам, цæрæм, цæмæй, дам, цæрæм? Хъасболат. Мах кæм цæрæм, мах цæмæй цæрæм, ууыл не ’ввæрсынц? 56
X а з б и. Квартирæтæ кæнæ æмдзæрæн агурынц, хæ- рæндон, дам, уæм нæй, уæ дуканийы, дам, хæринаг цæмæй скæ- най, уый нæй... Хъасболат. Зæгъ сын, бафæразæнт уал, сараз- дзыстæм æмдзæрæн, стæй та уæд хæдзæрттæ, хæрæндон. Æр- бацæуæнт-иу мæнмæ, цы сæ хъæуа, хæринагæй — æхсыр, дзидза, ссад, картоф, халсартæ — рафысдзынæн сын. X а з б и. Бузныг, Хъасболат, мæ зæрдæ мын барухс код- тай. Кæстæртæн уавæртæ скæн, фæндаг сын бацамон, кæм нæ сарæхсай, ахæм куыст ссарæн нæй. Хъасболат. Кæстæрæн афоныл йæ ных куынæ къуырай, уæд æм фыдбылызмæ æнхъæлмæ кæс. Мæнæ мæнæн уый афойнадыл мæ къухы нæ бафтыд, æмæ дзы абон масты хай фæдæн. X а з б и. Заремæйæ зæгъыс? Хъасболат. Цæмæн Заремæйæ. Нæ парторгæй зæгьын... Кæстæртæ къухæй куы аирвæзынц, уæд ма сын бакæс сæ митæм, бирæтæ дзы маймулитæ скодтой сæхицæй. Модæ, дам, у. X а з б и. Нæ кæстæртæ цардæмдзу кæнынц, ногæй, хор- зæй дзы цы ис, уый исынц. Мах рæстæджы тынг хорз цы уыд, уыдон се ’ппæт абон хорз нал сты. Æхсары тыххæй кæй зæгъыс, уым раст нæ дæ. Замманайы æмкусæг дын фæци, сæрæн, цæхæ- ры хуызæн, сæрджын, суинаг. Хъасболат. Тæнæг сæрæн бæзджын цæсгом вæййы кæддæриддæр, æндæр афтæ нæ уæндид. Хъауырбег. Уыцы ныхас Æхсарыл нæ бады. Йæ дзыхæй куыд дзуры, йæ зæрдæ дæр афтæ æргом æмæ сыгьдæг у. Дæу тыххæй арæх фæдзуры, стыр кад, стыр аргь дын кæны. Хъасболат. Топпы цæфæй æвзаджы цæф зындæр дзæбæхгæнæн у. Йе’взаг йæ бынаты чи нæ дара, уымæн та йæ къæбутæй ласинаг у. X а з б и.- Хъасболат, æргом ныхасæй чи тæрсы, уый йæхæдæг аххосджын у, ды уыдонæй нæ дæ. Æргом ныхас та хæ- лардзинад нæ халы, кæд зын вæййы, уæддæр. Хъасболат. Хæцаг галæн йæ сыкъа сæтдзæн, уый куы зонид, уæд-иу хæцгæ дæр бæргæ нæ кæнид. 57
X а з б и. Хъасболат, цардæн бауромæн нæй, абон æм мæсты кæныс, райсом куы ’рсабыр уай, бæстон куы ахъуыды кæ- най йæ пълантыл, уæд дæ зæрдæмæ цæуын райдайдзысты йæ митæ. Зæгьæм, мах æртæйæ дæр ацы пълан федтам æндæр хъæуы, нæ йæм бахæлæг кæниккам? Уæллæй, бахæлæг кæник- кам. Хъауырбег. Уадз æмæ махмæ хæлæг кæной, мах цæмæн хъуамæ искæмæ хæлæг кæнæм — пълан нæхи пълан куы у. Хъасболат. Æцæг мæн агитаци кæнынмæ куы ’рбацыдыстут. Уый тыххæй уæ нæ хъуыди фыдæбон кæнын. (Дзу- ры Заремæмæ). Заремæ, цы фæдæ, цы?! Афонмæ лæг гал ар- гæвстаид æмæ дзы физонджытæ дæр бахордтаид. 3 а р е м æ рацыд, йæ уæлæ куатæ. 3 а р е м æ. Газ фаг нæй, духовкæ тынг æрæгмæ фы- цы... Ныртæккæ рæвдз уыдзынæн. Ацыд. X а з б и. Ницы хъæуы. Мах цæугæ кæнæм. Æгæр мæсты дæ æмæ нæ ныхас кæрæдзиуыл нæ бады. Хъасболат. Цæмæн зæгъыс, цæмæн зæгьыс, Хаз- би! Тынг æхсызгон мын уыд уе ’рбацыд. Уемæ ныхас мын бирæ феххуыс мæхимæ ’рцæуынæн. Цыма мæ уæззау уаргъ фæрæуæг- дæр. Уæ хорзæхæй, бахатыр кæнут, Хазби, дæуæй уæлдай хатыр курын. (Дзуры та). Заремæ! Рахæсс-ма уал истытæ, науæд нæ уазджытæ лидзынвæнд скодтой. Хъауырбег. Иугæр æрбацыдыстæм, уæд цалынмæ Заремæйы конд хойрагæй нæ саходон, уæдмæ мын ацæуæн нал ис. Æфсинмæ уымæй хъыгдæр ницы кæсы: сцæттæ кодта æмæ йын йæ хойрагæй ничи сахуыста... Заремæ нæм фæхæрам уыдзæн. Хъасболат. Фæндгæ йæ тынг кæны хорз æфсин уæвын, фæлæ иунæгæй баззад æмæ... Уæддæр чингуытæм гæс- гæ цыдæр æнахуыр хæринæгтæ скæны. X а з б и. Заремæ хорз чызг у, йæ цæрæнбон бирæ уæд. Фæлæ кæдмæ йæ фыды уæларынг баддзæн? Бахатыр кæн мæ 58
цæхгæр ныхас. Æххæст ахуыр сси, хорз кусы... Сылгоймагæн би.- рæ бадын кады хос нæу. Хъасболат. Бæргæ йæ зонын... Йæ хъустыл ницы хæцы... Йæ амонд куы ссарид, уæд æм мæ зæрдæ нал æхсаид... Чызг уæддæр чызг у... X а з б и. Чи зоны, абон уыцы рæстæг нæу, райсом цы рæстæг уыдзæн, уый дæр чи зоны? Хъауырбег. Мæнæ радиойы боныхъæд куыд фæдзурынц, ранæй-рæтты, дам, уардзæн, ацу æмæ йæ ды базон, кæцы рæтты уыдзæн. Уыдон æй хорз куынæ зонынц, уæд мах цæ- мæй зонæм, райсом цавæр рæстæг уыдзæн, уый? X а з б и. Æмæ дæм иу ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл æр- бацыдыстæм мæнæ Хъауырбегимæ, кæд æмбæлы, уæд. Хъасболат. Зæгъ, зæгъ, дæ хорзæхæй. (Рацыд За- ремæ, рахаста æртæ уæливыхы, дзидзатæ къуыдыр фыхæй, цæхх, дурын, сыкъа. Æрæвæрдта сæ стъолыл). Заремæ, сбад дæ- хæдæг дæр, немæ æхсæвæр бахæр. X а з б и. Заремæ, бахатыр кæн, нæхи мидæг нæм нæл- гоймæгты ныхас ис. Кæд аипп нæу, уæд уал дæхи хъуыддæгтæ кæн, стæй дæм фæдзурдзыстæм. 3 а р е м æ. Æнæуый дæр мæ бадынмæ нæма ’вдæлы, бахатыр кæнут уæхæдæг. (Ацыд). Хъасболат. Хъауырбег, рауадз ма, фæйнæ уал ба- назæм, стæй та уæд бæрæг уыдзæн. Хъауырбег рауагьта æмæ сыкъа авæрдта Хъасболатмæ. Цæй, бирæ кувынæй бирæ амонд хуыздæр у æмæ амонд- джын ут, Стыр Хуыцауы хорзæх уæ уæд. Кувæггаг — кæстæр- мæ. Хъауырбег анызта кувæггаг, æркодта æмæ та йæ радта Хъасболатмæ. Хазби, фыццаг сидтæй дæм Хуыцауы арфæ. (Анызта). Сыкъа йе дзагæй райста X а з б и. X а з б и. Цыбыр ныхасæй, Хъасболат, мах стæм хатджы- тæ, минæвæрттæ æмæ нæ хъуамæ æнæ дзуаппæй ма арвитай. 59
Хъасболат. Æппындæр уын ницы ’мбарын, цавæт хатджытæ, цавæр минæвæрттæ? Иу уал аназ, стæй дзурдзынæ. X а з б и. Нуазгæ нæ кæнын, уый хорз куы зоныс... Дыууæ кæстæры кæрæдзи зæрдæмæ куы фæцæуынц, кæрæдзи аккаг куы вæййынц, уæд уыдоны бакъуылымпы кæнын фыдракондæй фыддæр у. Хъасболат. Уый раст у... Æргомдæр-ма дзур дæ зæгъинæгтæ, фæдзæхсгæ мæ цæмæн кæныс? Х’ а з б и. Мæнмæ гæсгæ, Заремæ йæхицæн æмбалæн кæй равзара, ууыл ды дæр сразы уыдзынæ, цæмæй амондджын уа, уый дæуæй хуыздæр никæй фæнды. Хъасболат. Дзур, дзур. Чи у, кæмæй у, кæцон у. Æз мæ чызджы фæндыл "нæ" никуы зæгъдзынæн, иунæг уый ма мын баззад, æндæр мын куы ничиуал ис. Дзур, дзур. X а з б и. Мах дæм стæм Æхсары минæвæрттæ. Хъасболат. Кæцы Æхсары кой кæныс? Чи у, кæ- мæй у, кæцон у? X ъ а у ы р б е г. Нæ парторгæй дын зæгъæм, Æхса- рæй. Хъасболат. Уе ’ппæтæн дæр уæ зонд фæцыд! (Фе- стад йæ бынатæй, рауай-бауай кæны). Цæмæй мæ маст атона, уый тыххæй æмдзырд бакодтат?! Уæ ныфс та куыд æрбахастат? Гыццыл цыдæртæ куы нæ хъуыды кæнин, уæд уын цытæ бакусин, уый æмбаргæ дæр нал бакæниккат. Хъауырбег ма фæуæд, фæлæ æз, Хазби, дæуæй уый æнхъæл никуы уыдтæн. Ахуыргæнджыты ахуыргæнæг куы дæ, скъолайы директор, уæд куыд ницы ахъуыды кодтай? Кæд, дам, цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та рæхуыст. Йæ кой дæр уæ куыд никуыуал фехъусон, афтæ. Бынтондæр бæт- гæ ’рра куы у уый. Куыд бауæндыд мæ хæдзармæ æрбарвитын?! Æмæ сымах дæр æрбараст стут, æрбатардтат уæ цæсгом! X а з б и. Маст бауромын зын у, фæлæ йæ дæ хуызæн тыхджын лæг хъуамæ урома. Махмæ цæмæн хыл кæныс, æвзæ- рæй дын цы загьтам? Дæ зæрдæ де ’вдисæн, æз ахæм хъуыддæг- ты арæх цæуаг нæ дæн. Дыууæ кæстæры хорз куынæ зонин, сæ ахастдзинæдтæ сын куынæ зонин, уæд дæм не ’рбацыдаин. Æнæ кæрæдзи æфхæргæ дæр баныхас гæнæн ис, тыхми ничи кæны, æвзæрдзинад дын нæ зæрдæ куынæ зæгъы. 60
Хъауырбег. Хъасболат, ма мæсты кæн. Æхсары хуызæн лæппу нæ хъæуы нæ, æнæхъæн районы дæр не ссардзы- нæ. Мæнæ цыбыр рæстæджы кæрæдзи хорз не ’мбарут æмæ уый рæстæгмæ хабар у. Бафидаудзыстут, кæрæдзи бамбардзыстуг, æнæ кæрæдзи уын цард ад нал кæндзæн. X а з б и. Заремæйæн йæхи дæр афæрс, ауынаффæ кæ- нут æмæ нын исты дзуапп зæгъут. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнхъ- æлмæ кæсæм хорз дзуапмæ. Хъасболат. Цытæ дзурут, ууыл хъуыды кæнут? Нæй, нæй, уымæн ницы хуызы ис гæнæн. Мæ уд æгасæй уый ни- куы уыдзæн! X а з б и. Цæй, хорз, хæрзæхсæв ут. Курын дæ зæрдиа- гæй, Хъасболат, бæстон ахъуыды кæн, ма фæрæди. Мах ма уæ абæрæг кæндзыстæм. Уазджытæ ацæуынц. Рацыд 3 а р е м æ. 3 а р е м æ. Ацыдысты? Куыд тагъд? Хæргæ дæр куы ни- цы акодтой... Уагæры сæ цы тагьд хъуыддаг уыдис? Хъасболат. Минæвæрттæ уыдысты, усгурæй æр- выст! Æхсарæй, дам! 3 а р е м æ. Ха-ха! Æмæ сын цы дзуапп радтай? X ъ а с б о л а т. Цы дзуапп сын хъуыд, уый — асырдтон сæ! 3 а р е м æ цæхгæр фæзылд æмæ мæстыйæ ацыд. X ъ а с б о - л а т йæ фæдыл кæсгæ джихæй баззад. Æмбæрзæн ÆХСÆЗÆМ НЫВ Сценæйы иу æмбисы ис колхозы кæрт, йе ’ннæ æмбисы X ъ а с - б о л а т ы кабинет. Фæсæмбисбон.- М и х а иунæгæй бады кæрты æмæ газеты кæсы, кæсæнцæстытæ йæ уæлæ, афтæмæй. М и х а. Диссæгтæ фыссынц, диссæгтæ. Фыццаг-иу дис- саг цы нæ уыд, уый дæр сдиссаг кодтой, ныр та æнæ ’рцæугæ диссæгтыл дæр дис ничиуал кæны. Зæххы алыварс нæ фæсивæд цалдæргай мæйтæ фæратæх- 61
батæх кæнынц. Мæймæ тахтысты, йæ хуылфы дзаумæттæй йын æрластой. Космосы америкæгтимæ кæрæдзимæ уазæгуаты бауа- дысты, иумæ акуыстой, аныхас кодтой, фæминас кодтой кæрæдзи фæндаггæгтæй, стæй та алчи дæр йæхи бæхыл абадт æмæ йæ хæдзармæ æрфардæг. Уыдон царциаты диссæгтæй диссагдæр не сты? Зæрæдтæн уырдæм тæхыны бар куы уаид, уæд дзы мæ ра- зæй никæй ауадзин бæргæ... Æрбацыд X ъ а з ы б е г. X ъ а з ы б е г. Дæ бон хорз уа, хорз лæг! Бад, бад, цæ- мæн сыстадтæ? М и х а. Алы бон æгас цу æмæ дыл хорз бонтæ цæуæд, нæ буц уазæг. Абад уал нæм, дæ фæллад суадз. Хабæрттæй дæ фæрсын ма бахъæуæд. X ъ а з ы б е г. Цымæ колхозы сæрдар ам нæй? М и х а. Нæй. Абад уал, кæд зынид искуыцæй. X ъ а з ы б е г. Кæдæм ацыдаид? М и х а. Ацы фæстаг рæстæджы кæдæм фæцæуы, уый нал дзуры. X ъ а з ы б е г. Цæуыннæ, цымæ? М и х а. Цæуыннæ куы зæгъай, нæ буц уазæг, уæд ныр- тæккæ сæхи дæр нал æмбарынц нæ хицауад. Афтæ нæм никуыма уыд. X ъ а з ы б е г. Æмæ цы кодтой, хыл фесты? М и х а. Цыдæрхуызон æдцæг-мидæг ауадысты, ног пар- торг нæм куы ’рцыд, уæдæй нырмæ. Хъасболат та фидар лæг у. Сайгæ дзы ницы акæндзынæ. Тыхæй дæр дзы ницы байсдзынæ. Закъоны лæг у. Куыстыл йæ уд, йæ бинонты дæр ратдзæн. Фæлæ йæм иу аипп ис. X ъ а з ы б е г. Цымæ уый цы уыдзæн? М и х а. Æппын дын куыст куы ницы уа, уæддæр йæ лæдзæг дард фесхдзæн æмæ дын зæгьдзæн: "Цу æмæ йæ æрба- хæсс". X ъ а з ы б е г. Æгуыстæй бадын кæй нæ уадзы, уый хорз у... Æмæ дæм уæ ног парторг та куыд лæг кæсы? М и х а. Цыргь æрцындзæй уæлдай нæу. Йæ хъама ’лвæ- стæй дары æмæ дзы ныдздзæхст ласы, йæ цæст дæр нæ фæ- 62
ныкъулы. Тæрсгæ дæр нæ кæны, тæрсгæ... Зонды къуыбылой. Адæм æй бирæ бауарзтой, фæлæ цыма ам бирæ нæ фæхиз- дзæн... X ъ а з ы б е г. Цæуыннæ уæд? М и х а. Цæуыннæ куы зæгъай, уæд Хъасболатимæ кард æмæ фыдæй уæлдай не сты. Сæрдарæн та ахæмтæ кæд уой иу комдзагваг. Ахæм хабæрттæ дзы къордыл æруади... Акса дæ хор- зæхæй, алчи раздæр зонгæ бавæййы, стæй та хабæрттæ фæкæ- ны, мах та ныхæстыл фестæм. Бадгæйæ йæ къух дæтты Хъазыбегмæ. Колхозы быдырон станы раздæры хистæр хъахъхъæнæг, ныр та колхозы кæртгæс Миха. Фæуæлдæр мæ кодтой. X ъ а з ы б е г. Мæ ном Хъазыбег, районæй дæн. М и х а. Рагæй дзы нæ кусыс, æвæццæгæн. Иннæты дæр- иу куыддæр базыдтон, афтæ-иу сæ фелвæстой сæ куыстæй. Æгæр тагьд уæ раив-баив кæнынц. Раст мæнæ нæ парткомы сек- ретарты куыд тагьд ивынц, афтæ. Уæртæ нæ сыхæгтæ та сæ кол- хозы сæрдарты афтæ тагьд фелвасынц. Куыддæр хорз бахæры, бафсæды, йæхи байдзаг кæны, дыууæуæладзыг хæдзар саразы, даргъ "Волгæ" балхæны, афтæ та йæ фелвасынц. Æз уыцы колхо- зæй ме ’рдхорд лæгæн афтæ зæгъын: уæ хæдзар фехæла, кæд цытæ кусут. Иу лæджы бафсадут, схъæздыг æй кæнут, нал æй хъæуы æмæ та йæ фелвасут. Йæ бынаты та йын иннæйы авæрут. Уый дæр та уын уæ быныкъæйтæ бахæры æмæ та йæ фелвасут. Афтæ мауал кæнут, цалынмæ уын сæрдартæ уæ сæртæ нæ бахор- дтой, уæдмæ. Лæг алцæмæй бафсæст, уæд æй кусын дæр бау- адз, кусын. Цалынмæ та ног сæрдар схъæздыг уа, уæдмæ уæм хæринаг, давинаг ницыуал уыдзæн! Æмæ йын цы мæнг загьтон. Уыцы хъæуæн нæ сæ колхоз, нæ сæ адæм сæхиуыл рæстмæ ни- куы схæцыдысты: цæрæнбонты æгуыдзæг, гæвзыкк сты. /Ербацыд 3 а р е м æ. 3 а р е м æ. Уæ бон хорз уæд. М и х а. Хорз амонд дæ хай, Заремæ. 3 а р е м æ. Хъазыбег куы дæ, æгас нæм цу. (Исы йын йæ къух). 63
X ъ а з ы б е г. Хъасболат фермæйы ’рдыгæй нæ уыд? 3 а р е м æ. Уыди. Ардæм рацыди. Ныртæккæ йæ ардæм хъæуы. X ъ а з ы б е г. Куыд цæуы дæ фермæйы куыст? Цыма фаронæй фæрæвдздæр стут? 3 а р е м æ. Хуыздæрхъуаг стæм, раппæлинагæй нæм ницыма ис. X ъ а з ы б е г. Хорз архайыс, дæ уынаффæтæ, дæ пълантæ нæ зæрдæмæ цæуынц. Æхсырæн йæ сой бирæ фæфыл- дæр кодтат. Уый стыр æнтыстдзинад у. Уæхиуыл ма фервæссут æмæ район нæ, республикæйы хуыздæр фермæты уæ фæстæ фæуадздзыстут. Æрмæст сæдæ хъугæй æстай роды гыццыл у. Ууыл уæ бирæ бакусын хъæуы. 3 а р е м æ. Бацархайдзыстæм. Бахатыр кæнут, къантор- мæ мæ бауайын хъæуы. (Заремæ ацыд). М и х а. Иу фæндон мæм ис æмæ дæумæ куыд фæкæс- дзæн, уый базонын мæ фæнды. Районы кусын куы загьтай. X ъ а з ы б е г. Хъусын дæм, хъусын, Миха. М и х а. Бахæссын ма мæ фæнды не стыр пъланмæ ахæм фæндон, цæмæй нæ хъæуы алы хæдзармæ дæр æнæмæнг уа иу- дыууæ хъуджы, лыстæг фос, мæргътæ... Иу бон ма нæм автобусы æрцу. Дзæкъул-мæкъултæй дзы бахизæн нæ вæййы. Дæумæ гæс- гæ, цы фæласынц сæ дзæкъулты, сæ хызынты? Бацу-ма колхозон- ты хæдзæрттæм: сæ фылдæры æлхæнгæ дзул, æлхæнгæ цыхт, æлхæнгæ дзидза, æлхæнгæ царв... Суанг ма пъамидортæ, джитъ- ритæ, булчъытæ дæр горæтæй ласын байдыдтой. Худинаг, худи- наг, колхозонтæ. Горæт махмæ æнхъæлмæ кæсы, мах та йын йæ комдзаг йæ дзыхæй фелвасæм. X ъ а з ы б е г. Раст зæгьыс, Миха, фæлæ уыцы хъуыд- дагæн тыхæй аразæн нæй. М и х а. Ис. Бауырнæд дæ, тынгхорз ын ис аразæн. Фыц- цаг уал мæнæ цы хизæнтæ бахуым кодтат, уыдонæй фæстæмæ хизæнтæ скæнут, уавæртæ саразут хæдзары фос æмæ маргъ да- рынæн, цæхæрадæттæ кусынæн. Уæд адæм сæхæдæг февнал- дзысты. Чи нæ коммæ кæса, чи нæ райдайа уыцы куыстытæ, уыдоны рахонæм лæвархортæ, къласон знæгтæ. Уæд бар-æнæба- ры дæр райдайдзысты дарын фосæй, маргьæй цы ’мбæлы, уый. 64
X ъ а з ы б е г. Æнæзакъон митæ кæнæн нæй. Адæм’ хъуамæ сæхæдæг барвæндонæй колхозы Уставмæ гæсгæ дарой фос, кæной зæххы куыст. Хæдзары цас æмбæлы, уый бæрц фос чи дары, уыдонæн колхоз хъуамæ холлæгтæй æххуыс кæна. М и х а. Колхозы Уставмæ гæсгæ дын нал бакусдзысты. Сахуыр сты æнæ фос, æнæ маргъ, æнæ уæлдай фезмæлд æмæ зын æртасынгæнæн сты. Хъæддых сæм фæлæууын хъæуы иу- дыууæ азы, стæй та фæцахуыр уыдзысты æмæ æнæ уыдон фæ- разгæ дæр нал кæндзысты. Кæннод хъæу хъæуы хуызæн нал у, хъæуæй хъæуы тæф нал цæуы... X ъ а з ы б е г. Дæ фæндоныл къорд рæстæджы кусын бахъæудзæн хъæусоветы, колхозы правлени æмæ парткомы... Уæдæ куыд æрæгмæ цæуы Хъасболат? М и х а. Истытæ ма мын адзур. Æз дæр иунæгæй стых- сын, ныхасæмбал мын нæ вæййы. Хæдзары иунæг, ам дæр иунæ- гæй арæх фæбадын. Иунæгæй зын у. Иунæг мæгуыр у. Иунæгæй цæрæн нæй, мæ хур. Хъæды халон дæр ма йæхицæн æмбæлттæ фæагуры. Фæлæ ис ахæм адæймæгтæ æмæ куы схъæздыг вæйй- ынц, кæнæ схицау вæййынц, уæд дын дæ бон хорз дæр нал зæгь- дзысты, сæ хотæ, се ’фсымæртæ, сæ ныййарджытæ дæр сæ нал фæхъæуынц. Æз ахæм хабар зонын: иу лæг царди йæ хæдзары зыбыты иунæгæй, никæмæ цыд, ничи йæм цыд, никæй уарзта æмæ йæ ничи уарзта, никæй хуыдта йæ хæдзармæ æмæ йын йæхи дæр ничиуал хуыдта. Афтæмæй иунæгæй кæй амард, куыд, зонгæ дæр æй ничи бакодта, цалынмæ йæ рудзынгæй дынджыр цъæх бындзытæ тæхын нæ райдыдтой, уæдмæ... Æз дæр мæхи- цæн тæрсын байдыдтон. X ъ а з ы б е г. Куы схъæздыг уай, æви куы схицау уай, уымæй? М и х а. Нæ, сæ дыууæйæ дæр мын тас нæу... Хъазыбег, ды районы алы хъæутыл зилыс, иу мæн аккаг идæдз усыл никуы фембæлдтæ? Адæмæн сæ цард аразын дæ хæс дæр у, дæ хæс. X ъ а з ы б е г. Хъазгæ кæныс æви æцæг сфæнд код- тай? Æрбацыд Хъасболат. 5 Царды хос 65
X ъ а с б о л а т. 0, о, Хъазыбег! Æрхæццæ дæ? Æгас нæм цу. Ам æнхъæл дын нæ уыдтæн. Æвæццæгæн, æгæр бирæ фенхъæлмæ кастæ. Ныххатыр кæн, дæ хорзæхæй. X ъ а з ы б е г. Цæмæн зæгъыс, цæмæн зæгъыс. Мæнæ Михайы цæрæнбон бирæ, æнкъард кæнын никæй бауадздзæн. Хъасболат. Миха æнæмæт лæг у æмæ йæ дзыхы хъазæн ныхас йеддæмæ ницы бады. М и х а. Стыр хицауы бынатмæ не схæццæ дæн, тæрсгæ кодтон. Лæг цас бæрзонддæрæй рахауы, уыйас ын тынгдæр фæриссы. Хъасболат æмæ Хъазыбег бацыдысты Хъасболаты кабинетмæ. X ъ а з ы б е г. Хъасболат, дæ дзырд цæмæн фæсайд- тай, афоныл уæ пълан цæуыннæ сæххæст кодтат? Дæ дзырдæн хицау нал дæ? Фæсайдтай райкомы дæр, обкомы дæр. Куыд æр- хастай дæ сæрмæ афтæ бакæнын? Хъасболат. Уый мын мæ парторджы лæвар у. X ъ а з ы б е г. Цы аххосджын у ам парторг? Хъасболат. Æз уыцы бон комбинаты уыдтæн. Уый иу машинæ дæр нал ауагьта ласын, мæнæу калдта мусы. Æнæ- сыгъдæгæй, дам, ын нæй дæттæн. X ъ а з ы б е г. Æмæ тынг раст бакодта. Хъасболат. Уый партион кусæг у?! Зæххыл нæ цæуы, уæлæрвты тæхы. Æз мæ туг калын, цæмæй адæм æхсæ- вæй-бонæй кусгæ кæной, пълантæ æххæст кæной, уый та сæ змæнтгæ кæны, уæлæхох сæ кæны куыстыл, паддзахадыл, нæ цардыл. Æргом сæ мæ ныхмæ ардауы. X ъ а з ы б е г. Æхсар æрыгон партион кусæг у, чи зоны, æгæр схъиуд у. Фæлæ ног хъуыддæгтыл кæй тох кæны, уый рап- пæлинаг у. Иумæ сыл ахъуыды кæнут. Хъуамæ колхозы сæрдар æмæ парторг кæрæдзи хорз æмбарой. Хъасболат. Куыд хъуамæ сразы уыдаин ахæм пъланыл, митæй ама’д мæсгуытыл, йæ сæрхъæн митыл? Уæдæ, дам, ныхас колхозонты иумæйаг æмбырдмæ рахæссæм. Нæ та сразы дæн ууыл дæр. 66
X ъ а з ы б е г. Раст нæ бакодтай, адæм адæм сты, сæ ныхас загътаиккой... Хъасболат. Адæмы къæбæлдзыг ныхæстæй ис асайæн. Æз цæхгæр куы ныллæууыдтæн, уæд фарста сæвæрдта иумæйаг партион æмбырды. Цæрæнбонты æмбырды йæ дзых чи никуы схæлиу кодта, уыдон дæр дын уынаффæтыл куы схæциккой: афтæ дæр хорз уаид, уфтæ дæр хорз уаид, ахæм дæр ма дзы хъæуы, ухæм дæр ма дзы хъæуы. Фæкъæртт сты сæ домæнтæ, дзырд кæрæдзийы дзыхæй истой. Æз ма сæ сабыр кæнын, фæлæ дзы мæ ныхмæ чидæртæ æргом сдзырдта. Уыдон дын нæ партор- джы митæ. Сæрра кодта адæмы. Æргом дын зæгьын: кæнæ уый, кæнæ æз. Махæн иумæ кусæн нæй, мæ цæсты сындз дзы федтон. Мæнмæ афтæ никуыма ничи бауæндыд. Æгæр уæгьдидонæй уадзут кæстæрты æмæ нын сæ нæ сæрыл сбадын кодтат! Фæлæ уый æз мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн! Цæрæнбонты ууыл нæ тох кодтон! X ъ а з ы б е г. Хæрз дзæгьæлы мæсты кæныс. Нæ фæ- сивæды уæгъдидон ма хон, уыдон цæуынц партийы амынд раст фæндагыл. Се ’нтыстдзинæдты тыххæй дын дзурын нæ хъæуы. Не стырдæр рæдыд махæн, хистæртæн дæр æмæ кæстæртæн дæр уый вæййы, æмæ нæхи æнæрæдыд, æнаипп кæй фæхонæм. Кад- джын, намысджын лæг, стыр æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафты, уыдонæй бирæтæ сæхиуыл æгæр фервæссынц, иннæты нымайгæ дæр нал фæкæнынц, кæд уыдоны фæрцы рацыдысты размæ, уæддæр. Хъасболат. Æз къухæмдзæгьдæй чи къуырма кæ- ны, уыдонæй нæ дæн. Зонын, ног дуг, ног рæстæг йемæ ног æгь- дæуттæ, ног хъуыддæгтæ фæхæссы... X ъ а з ы б е г. Цард адæймагæй тыхджын удыхъæд, зындзинæдтыл уæлахиз кæнын куы фæдомы, райдзаст æмæ амондджын дæр уæд вæййы. Æнцон фæндагыл цæуын дæхæдæг дæр куынæ сахуыр дæ. Бахатыр кæн, хистæр дæ, зонд дын нæ амонын, фæлæ фарста афтæ цæхгæр кæм æвæрыс, уым дын æнæ зæгьгæ нæй. Ахъуыды ма кæн, раздæр адæмимæ куыд куыстай, ууыл. Адæмы уарзтай, сæ цæронæй цардтæ, сæ сæрап- понд æнæвгъау лæвæрдтай дæ тых, дæ зонд, дæ уд. Æмæ дæ адæм сæхимæ ’рбайстой, батавтой дæ сæ зæрдæйы хъармæй, 67
бафтыдтой дыл се ’ууæнк, хъусынц дæм, аргь дын кæнынц. Ды та фæстаг рæстæджы адæмæй цы хъарм, цы уарзт исыс, уый сын фæстæмæ нал дæттыс. Æмæ сæ зæрдæйы хъарм, сæ зæрдæйы уарзт дæумæ куы баихсыйа, уæд ма дæ цæмæй тавдзысты, цæ- мæй уарздзысты? Хъасболат хъуыдыты аныгьуылд, Хъазыбеджы ныхæстæм хъусгæ дæр нæ кодта. Хъасболат. Диссаг, тынг диссаг у цард, Хъазыбег. Ацы бонты йыл бирæ фæхъуыды кæнын. Колхоз уыцы иу колхоз, куыст уыцы иу куыст, дæ бынат уыцы иу бынат, афтæмæй дзы цæй бæрц ногдзинæдтæ ис. Цæй бæрц ног зонындзинæдтæ, ног тыхтæ, ног æмæ фидар зондахаст дзы хъæуы, цæмæй абон дæ рагон куысты бынаты арæхсай, уымæн... Иуæй-иу бæлæсты ныууигъын фæхъæуы, цæмæй сæ тыллæг радтой, уый тыххæй. Фæлæ бæласыл дыргъ куынæуал уа, уæд æй цас фæнды уигь, уæдцæр дзы дыргь нал æрхаудзæни. Æвæццæгæн, мæнæн дæр рæстæджы аккаг дыргьтæ дæттын мæ бон нал у æмæ мæ уигьын дæр нал хъæуы. Фæлтау зæронд бæласы бæсты ныссадзут ног, рæзгæ тала... X ъ а з ы б е г. Фæсивæдæн сæ хæс у хистæрты фæл- тæрддзинад райсын, фæхуыздæр æй кæнын, æмæ йæ афтæмæй кæстæртæм раттын... Чи дын радта бар парторгы йæ куыстæй си- сынæн? Цæуыннæ бафарстай райкомы? Мах уын равзæрстам уæ хъуыдцаг æмæ, æвæццæгæн, дæхæдæг раст дæ, дæуæн сæрдарæй кусæн нал ис дардцæр... Райкоммæ нæ хъусыс, бюротæм, пленум- тæм нал цæуыс, парткомæй хынджылæг кæныс, ницæмæ йæ дарыс. Афтæтæ гæнæн нæй, Хъасболат. Хъасболат. Йемæ цъыкк кæнут, мæнæ дын мæ курдиат. (Афыста курдиат æмæ йæ æвæры Хъазыбеджы раз). Æмæ мæ бæсты та кæй кæнут? Æхсары? Мæн ын хæдивæгæй нæ айсиккат, мыййаг? X ъ а з ы б е г. Парти ахæм фæндон куы рахæсса, уæд хæдивæгæй дæр бакусдзынæ. (Æрбацыд Æхсар). Æ х с а р. Хъазыбег дæр ам куы и, уæ бон хорз. Тынг хорз у, ам кæй дæ, уый. Хъасболат, Темыры дæр та йæ куыстæй куы фелвæстай, парткомы уæнгтæй иуы. Уый циу? Афон нæма у кæ- рон скæнынæн æнæзакъон хъуыддæгтæн? 68
Хъасболат. Темыры кой нал кæндзыстæм, уый нæм нал кусы, йæ куыстæй ист у. Æмбырды йæм нæ хъуыстам? Уый фæстæ уымæн махмæ кусæн нал ис. Йæхæдæг дæр æй æм- бары. Æ х с а р. Йæ рæдыд куы бамбæрста, уæд та йæ йæ куыстæй исыс. Зонын æй> зын у лæгæн йæ фæнд аивын, фæлæ йæм дæхæдæг куы фæдзурис, куыстмæ йæ куы арвитис, дæ фæнд кæй аивтай, уый йын куы бамбарын кæнис, уæд бирæ пай- дадæр рауаид. X ъ а з ы б е г. Дæуæн, Æхсар, иу уайдзæф æнæ зæгъ- гæ нæй! Мах разы стæм дæ куыстæй, дæ пълантæй. Æмткæй рай- сгæйæ раст фæндагыл лæуд дæ. Æрмæст æгæр тагьд кæныс. Алы хатт кæронмæ нæ ахъуыды кæныс дæ митыл. Æ х с а р. Ахæм уайдзæф мæм цæмæн хауы, нæ зонын. X ъ а з ы б е г. Колхозы, æнæхъæн хъæуы социалон- экономикон рæзты генералон пълан иумæйаг æмбырды размæ уал бахæссын хъуыд райкоммæ, райæххæсткоммæ. Афтæ ’мбæ- лы... Æркастаиккам, ахъуыды кодтаиккам, бацамыдтаиккам... Æ х с а р. Уый раст у. Æргом зæгъгæйæ, тæрсгæ кодтон, куынæ йыл сразы уат, уымæй. Æниу нырма проектыл дзырдтам. Æххæст арæзт, æххæст фидаргонд нæма у, фæхуыздæр гæнæн ма йын ис. X ъ а з ы б е г. Æгæр тагъд нæ хъæуы. Æ х с а р. Фаг æргом здæхт нæ цæуы хъæуты арæзтад- мæ. Ис нæм ахæм хъæутæ æмæ дзы цæры фондз, дæс, кæнæ фылдæр мин адæймаджы. Кæм хъуамæ кусой, цæмæй хъуамæ цæрой, колхозы, кæнæ совхозы уыдоны фаг куыст куынæ ис. Цæ- уыннæ дзы цæуы арæзт заводтæ, фабриктæ. Цæмæн сæ аразынц иууылдæр горæты, кусæг тых сæм фаг куынæ ис æмæ сæм хъæ- утæй куы ласынц? X ъ а з ы б е г. Хъæуты аразын зындæр у, тынг зын вæййы уырдæм арæзтадон æрмæг æмæ хомаг ласын. Æгæр зы- наргь слæууиккой хъæуты заводтæ æмæ фабриктæ. Æ х с а р. Уæдæ куыд æмæ кæд баййафдзæн хъæу горæ- ты? Цы фæнды зынаргъ уæд, уæддæр сæ аразын хъæуы, адæм зынаргьдæр сты æхцайæ... Цæуыннæ домут обкомæй, министрты советæй, цæмæй нæ хъæуы завод кæнæ фабрик саразой? 69
X ъ а з ы б е г. Ницы дзы рауайдзæн? Æ х с а р. Домут Мæскуыйæ, бауырнын сæ кæнут, бæс- тон сын фæдзурут нæ уавæртæ. X ъ а з ы б е г. Куыд хъуамæ бацæуæм обкоммæ, Мæс- куымæ, кæд нæхæдæг зонæм, кæй дзы ницы рауайдзæн, уый. Æ х с а р. Уæд та нæ хъыгдаргæ ма кæнут. Мах цæудзы- стæм республикæйы хицауадмæ, цæудзыстæм Мæскуымæ дæр, уæддæр нæ уынаффæ фидар у, сæххæст æй кæндзыстæм. Хъасболат. Адæм сæ куыстæн фаг фæллой нал исдзысты. Колхозæй лидзæг фæуыдзысты. Колхоз ныдздзæллаг уыдзæн. Цæмæй аразынмæ хъавыс уæд уыцы галуантæ? Адæм куы фæлидзой, уæд ма сæ кæимæ, стæй кæмæн араздзынæ? Æ х с а р. Нæ колхозы, нæ хъæуы фидæны цардæн цы пълан скодтам, уыцы пъланы сæйраг бынат ахсынц экономикон фарстатæ, стæй та социалон программæйы, коммунистон хъомы- лады фарстатæ. Уым фыст ис, цæмæй нæ колхозы афæдзы æф- тиæгтæ схæццæ уой цалдæр милуан соммæ, стæй цæй фæрцы, уыцы амындтытæ. Уыдонæн се ’мбис куы исæм, уæддæр нын фаг сты аразынæн. Йæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл чи фæ- кусы, уый æндæр ранмæ нæ фæлидзы. Райдайæм, ма сафæм за- мманайы рæстæг. X ъ а з ы б е г. Цæмæй уæ колхоз уый бæрц æфтиæгтæ ’иса, уый тыххæй хъуамæ хорæрзад дыууæ-æртæ хатты фæфыл- дæр кæнат, алы центнеры хиаргъ та — дыууæ-æртæ хатты къад- дæр фæкæнат. (Æхсары афарста). Хъасболат пенсимæ кæй цæуы, уый дæумæ та куыд кæсы, Æхсар? Æ х с а р ахæм фарстамæ цæттæ нæ уыд. Æ х с а р. Нæ, уый гæнæн нæй. Хъасболат хуымæтæджы лæг нæу... Колхозонтæ йæ нымайынц, уарзынц, кад ын кæнынц, хъусынц æм. Хъасболаты ’нтыстдзинæдтæ уый бæрц сты, æмæ сын банымайæн нæй: сахъ хæстон, колхозы сгуыхт сæрдар, нæ республикæйы Сæйраг Советы депутат. Дæумæ бирæ хъару, стыр фæлтæрддзинад ис. Раджы дын у нырма æнцад бадынæн. Фæ- разгæ дæр нæ бакæндзынæ, дæ зæрдæ нæ фæлæудзæн. Мах та хъæугæ кæныс, тынг нæ хъæуыс стыр æмæ зын фæндæгтыл цæ- угæйæ. 70
Æ х с а р ма дзургæ кодта, афтæмæй æрбахызт М и х а æмæ æнæдзургæйæ æхсызгонæй хъуыста. М и х а (хæстæгдæр бацыд стъолы цурмæ). Иу лæг, дам, хидмæ цæуын фæзивæг кодта, дард у, зæгъгæ, æмæ арф доны цæхгæрмæ балæгæрста. Дон æй аласта, уæдæ цы уыдаид. Баз- зад ын иу лæппу. Куы бахъомыл, уæд йæ мады фæрсы: "Кæм ис мæ фыд?" Мад ын радзырдта хабар, фыд кæй фæзивæг кодта дардыл цæуынмæ, æрæгмæ, дам, бахæццæ уыдзынæн, æмæ фе- сæфта йæхи. Уæд фырт афтæ зæгъы: "Ау, афонмæ дæр нæма ’рхæццæ уыдаид, цæуыннæ ацыд хидыл?" Хъасболат. Цæмæн хъæуынц ам уыцы таурæгътæ? М и х а. Æхсары фæндтæ бæззынц. Хъуамæ сыл исчи ку- сын райдайа. Кæннод нын искуы уыцы лæппуйы загьд кæндзысты фæсивæд. "Ау, афонмæ дæр сын арæзт нæ фæуыдаиккой? Цæ- уыннæ райдыдтой? Сæ бон цы уыд, уый цæуыннæ кодтой". Æгаёр карз æфхæрд нæм æрхаудзæн. Хъасболат. Æз æмæ ды дæр уæдмæ цæрынмæ хъавæм? Æниу нын усгурæй куы агæпп ластой... М и х а. Хъавын, уæллæй, хъавын. Цалынмæ уыцы дис- саджы пълантæ куыд æххæст æрцæуой, уый фенон, уæдмæ мæм мæлæтæн йæ кой дæр нæй. Хъазыбег, ме ’дылы зондæй ма зæгъ- дзынæн: æз Æхсарæй тынг разы дæн. Нæ сæрдары нын иу ран кæй нал уадзы, уый дæр мæм раст кæсын байдыдта. Мæгуыр лæг, дам, йæ галтыл суг æрбацæйласта. Хæрды галтæ нал фæрæзтой, ныллæууыдысты. Лæг сæ нæмын райдыдта, хъæр кæны, не ’нцайы. Уæд æм иу лæг дзуры: "Цæуыл сæ марыс, бауадз сæ æмæ аулæфой". Мæгуыр лæг ын афтæ: "Бæргæ сæ бауадзин, фæлæ далæ рæуæдтæ дæр адонмæ кæсынц æмæ хæрды дзæ- бæх схæцын кæм хъæуы, уым-иу куы ныллæууой, уымæй тæр- сын". Æхсар кæй дзуры, уыцы хæрды нæ сæрдар схæцынмæ нæ хъавы, йæ къæхтæ бырынц, оцани кæны. Раст у Æхсар. Ахæц- дзæн ма, зæронд гуыргъахъ фæндæгтыл цæуын ахуыр у. Цыдæр ма уын зæгъынмæ хъавыдтæн. Мæрды рох мыл бафтыд... 0, о! Æрхъуыды йæ кодтон. Нæ пъланмæ ма иу ахсджиаг фæндон ба- хæссын хъæуы. Уынаффæ дæр рахæссæм: чи йæ не ’ххæст кæ- на, уымæн не ’хсæн, нæ хъæуы цæрæн куыд нæ уа, хаст куыд æрцæуа. 71
Æ х с а р. Цавæр фæндон ма æрхъуыды кодтай, зæгь-ма йæ. М и х а. Алы чындз дæр хъуамæ ныййара авд сывæллоны. Фылдæр куы уа, уæд хуыздæр, къаддæр гæнæн нæй. Æвæд нæ фæкодтой. Чи ма кусдзæн колхозы, кæй къухтæм ратдзыстæм нæ фарн, нæ намыс, кæмæн аразæм, дун-дунеты чи нæма уыд, ахæм царды уавæртæ? Сылгоймæгтæ иу кæнæ дыууæ сывæллоны ныййарынц æмæ уый адыл мыггаг аскъуынынц. Фæстагмæ иунæг сывæллон дæр нал ардзысты. Сæфæм, сæфæм, лæгтæ дæр сра- зы сты сæ хъысмæтыл, кæсынц сæ устыты коммæ... Цæй лæгтæ ма сты, цæй? Сæ сæрыл ма худтæ та цæмæн хæссынц. Лæг-иу цотæй лæг уыд. Æрбацыдысты заргæ механизатортæ. Æрбахастой мæнæуы æфсирты стыр куырис æд хæтæлтæ. Сæ фæстæ æрбацæуынц адæм цингæнгæ. Г а ц ы р. Хорамонд, цардамонд фæхæссæм. Æмгъуыдæй раздæр карст фестæм нæ мæнæуы хуымтæ. Уæлдайджынтæй сæххæст кодтам химæрайст хæстæ: паддзахады хордоны ныккод- там мæнæу пълан æмæ æрдæгæй фылдæр. Ацы аз дæр та нæ хо- рæрзадæй сарæзтам "Бæркады куырис" æмæ та йæ лæвар кæ- нæм нæ уарзон, нæ зынаргъ сæрдар Хъасболатæн: айс, дæ хор- зæхæй, нæ къухты фæллой, не стырдæр лæвар — алы гектарæй дæр 50 центнеры! Тыхджын къухæмдзæгьд. Хъасболат æрбахъæбыс кодта мæнæуы куырис. Хъасболат. Уæ цæрæнбонтæ бирæ, нæ намыс- джын фæсивæд. Стыр бузныг уын зæгъын, стыр бузныг. Уæ тых, уæ хъару фылдæр кæнæд. Сымах мæ къабæзтæ, мæ ныфс æмæ мæ тых стут. Уæ хуызæн сагсур фæсивæдимæ ма, æвæццæгæн, мæнæ Æхсары сæнттæн дæр ис сæххæст кæнæн. (Къухæм- дзæгьд). Ацы "Бæркады куырис", нæ колхозы бæрзонд хорæрза- ды æвдисæн та балæвар кæндзыстæм нæ наукон разамонæг, не ’ххуысгæнæг, профессор Албегæн. Йæ ног тауинаджы мыггаг та фæрæстмæ. X ъ а з ы б е г. Мæ зынаргь хæлæрттæ, æппæт советон адæмимæ иумæ намысджынæй цæут размæ, аразут ног цард. 72
Стыр хъуыддагæн стыр цæлхдуртæ вæййы. Æнæ хъазуатон тохæй не схиздзыстæм фидæны райдзаст бæрзæндтæм. Ныртæккæ у тохы заман, революцийы заман. Кæд нæ ног революцийыл тугка- лæн хæсты бацæуын нæ хъæуы, уæддæр революци у наукон-тех- никон революци æмæ не ’ппæтæй дæр домы егьау хъару, æнувыд куыст, цалынмæ арæзт нæ фæуа, нæ фæуæлахиз уа, уæдмæ. М и х а. Æмæ йæ арæзт куы фæуæм, нæ ног революци куы фæуæлахиз уа, уæд та ма цы кусдзыстæм? X ъ а з ы б е г. Уæд та æрхъуыды кæндзыстæм ног рево- люци. М и х а. Афтæмæй дæ революцитæ никуы фæуэдзысты. Цæрæнбонты тох кæнæм. Искуы ма æнцад-æнцойæ, æнæ тох, æнæ революцийæ ацæр. X ъ а з ы б е г. Æнæ тох, æнæ революцийæн нæй уæвæн. Мæнæ сымах уæ хъæуы, уæ колхозы фидæныл цы стыр пълан скодтат, уый дæр стыр тохы, стыр хъазуатон куысты фæр- цы ис сæххæст кæнæн. Царды хос нæ къухы ис æмæ йыл кусын хъæуы æмзонд-æмдыхæй! Зæрдиаг арфæ уын кæнын уе стыр фæллойадон æнтыстдзинæдты тыххæй. Уæ къухы бафтæд ног æмæ ног уæлахиздзинæдтæ. Кад æмæ уын намыс, фæллойы хъæ- батыртæ! Абон ма уын æрластон иу æхсызгон хабар — райком æмæ райæххæстком сразы сты уæ курдиатыл, сразы сты немæ уæлдæр хицауад дæр, бар лæвæрд æрцыд уæ колхозæн фер- мæйы бынаты Урсдоны былтыл ногдзауты лагерь саразынæн. Фермæ фæстæдæр арæзт æрцæудзæн æндæр ран. Райхъуыст къухæмдзæгъд, цины хъæлæстæ. Æ х с а р. Хъасболат, æхсызгон мын сты не ’нтыстдзи- нæдтæ. Фæлæ æз демæ нал бакусдзынæн. Кæрæдзи не ’мба- рæм. Ды мæ куынæ систаис мæ куыстæй, уæддæр нал ныллæу- уыдаин. Нæ мæ фæнды дæ фæндагыл лæууын, дæуимæ тох кæ- нын, хыл кæнын. Æз куыст ссардзынæн мæхицæн. Фæцæуы. X ъ а з ы б е г. Æхсар, фæлæуу, уæ фарстамæ уын рай- комы æркастыстæм æмæ... 73
Æ х с а р. Æмæ уæ чи домдта? Нæ йæм хъæуы кæсын. (Ацæуы). Хъасболат (Æхсары фæстæ адзуры). Æхсар... 0, Хуыцау, цы бакуыстон. Ахæм хъазуатон, ахæм дæсны кусæг... Æнæ хай дзы кæндзыстæм... Исчи ма йæ раздахæд фæстæмæ! Хъазыбег! Хазби! Хъауырбег! Хъауырбег. Никæмæн бакоммæ кæсдзæн. Æр- мæст дæуæн скæнид аргъ, дæ коммæ бакæсид! Хъасболат. 0, фæлæ куыд, цы цæсгомæй, цы хуы- зы? М и х а. Йæ пълан ын æввахс нæ уадзыс, йæ минæвæртты йын фæтардтай, систай йæ йæ куыстæй... Иууылдæр кабинетæй рацæуынц кæртмæ. Уым разæй кæрæдзимæ дард лæууынц /Ехсар æмæ 3 а р е м æ æнæдзургæйæ, æнкъард- хуызæй. Адæмæй дæр ничи ницы дзуры’ Æрæджиау Хъасболат уæззаугай бацыд Æ х с а р м æ, йæ уæхскыл ын æрæвæрдта йæ къух. Хъасболат. Ныххатыр кæн... Раст дæ мæхи хъæбу- лау уарзын, кæд фыдзонд вæййыс, уæддæр... Ма ацу, дæ хорзæ- хæй, дæ хъæуæй. Бакусæм иумæ дæ пълан æххæст кæныныл... Бар дын ис мæ хæдзармæ дæр... Дæ минæвæртты ’рбарвит... 3 а р е м æ базгьордта йæ фыдмæ æфсæрмыгæнгæ, ныхъхъæбыс ын кодта æмæ фырцинæй йæ цæстысыгтæ æркалдысты. Адæм нымдзæгъд кодтой. Райхъуыст хъæлдзæг, цины музыкæ, зарын. Æмбæрзæн
ХÆХХОН ЗАРÆГ Дыууæархайдон пьесæ цыбыргондæй АРХАЙДЖЫТÆ: Т а с о — партийы райкомы секретарь. М и н т æ — йæ ус, дохтыр. Азаухан — сæ чызг, студенткæ. Алхæст — сæ фырт, дæсæм къласы ахуырдзау. К ъ о л а — Тасойы фыд. Е л и з б а р Ч е р м е н — партийы обкомы бюройы уæнгтæ. Аслæнбег Ханджери Дунетхан — ахуыргæнæг, дæсæм къласы разамонæг. Т о т ы р — аразджыты бригады бригадир. X а с а н — холлæгтæцæттæгæнæг бригады бригадир, колхозы партбюройы секретарь. Т у т и — æхсыры фермæйы хицау. Бæстылхан — Минтæйы хæлар, сыхаг ус, ахуыргæнæг. 3 ы л ы н — райпойы сæрдар, Минтæйы хæрæфырт. Б а т ы р С о л т а н — дурамайджытæ. Б е р къ а Р и т æ — хъугдуцджытæ. Та н я Горæтæгтæ, фæсивæд, колхозонтæ. Архайд цæуы ацы бонты. 75
ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Т а с о й ы хæдзар. Стыр уат, хъæздыгарæзт зынаргъ дзаумæт- тæй. Уаты ничи. Телефон дзæнгæрæг кæны. Æрбазгьордта М и н т æ æмæ фелвæста телефоны хæтæл. М и н т æ. Хъусын, хъусын... А-а, Людмилæ куы дæ, мæ уд мын ауайын кодтай, зæгьын, бæстæ йæ сæрыл чи систа... Ду- нетхан та? Дæ цуры ис? Æмæ нæ лæг кæм ис? Дунетхан æм куын- нæ бахауа, афтæ бакæн. Нæ-нæ-нæ, мацы хуызы йæ бауадз! Мæ бинонты цардмæ, зæгь, райкомы нæ кæсдзысты... Ардæм æй рарвит... Исты ’фсæндтæ йын скæн, уым зæгъ, нæй Тасо, фæллад у, рынчын у, хохы ис... Исты йын зæгь. (Æрæвæрдта телефоны хæтæл). Исчи дæр ма ахæм бирæгъы ахæсты фæуыдзæн?.. Хал- дзæн мын мæ хæдзар. Бæстылхан дæр никуыцæй зыны, йæ уæраг асæтта. Дуар æрбахостæуыд. Æрбайхъуыст: "Ам стут, фысымтæ?" Æрбахызти 3 ы л ы н. 3 ы л ы н. Уæ бонтæ хорз, мæ хæстæджытæ! Кæимæ дзу- рыс, Минтæ, ам куы ничи ис? М и н т æ. Зылын куы дæ, мидæмæ. Нæ лæджы секрета- римæ. Кæцæй фæдæ, Зылын? Цы дæ ’рбахаста? 3 ы л ы н. Зылын, бæргæ нæ дæн, мæ ном Зелимбег хуыйны, фæлæ мæн чи фæзылын кодта, уый макуыуал сраст уæд!.. Ды дæр мæм мæхи номæй нæ дзурыс. М и н т æ. Æмæ ды райпойы сæрдарæй раст лæг кæд федтай? Цæстфæлдахджытæ. Æууæнк уыл нæй. Уæйгæнæг, дам, зылын нæу. Дæ ныхæстыл дæхæдæг нæ худыс? 3 ы л ы н. 0, мæ мады хо, æгæр мæ бафхæрдтай. М и н т æ. Куыннæ, æхсæв фынæй нал бакæндзынæ, рай- сом — давгæ. 3 ы л ы н. Минтæ, ма мæ дзурын кæн. Æнæ дæу иунæг зынаргъ дзаума дæр куынæ уæй кæнæм, не скълæдты цы ис, уый ды мæнæй хуыздæр куы зоныс. М и н т æ. Цæй, цы рафыхтæ? Æз дын куынæ уыдаин, уæд афонмæ искуы хъæды куыст кæнис Сыбыры. Æри-ма, цы ’рбаха- 76
стай? Машинæты номхыгьдæй искæй ахахх кæн æмæ дзы Бари- сы бахæсс. 3 ы л ы н. Уыцы номхыгъд мæм райæххæсткомы сæрдар радта, ивæн ын нал ис, æххæсткомы йæ сфидар кодтой. Стæй Ба- рис... Айразмæ дæр ныллæууыдтæ — сырх машинæ Бæтæхъойæн, урс машинæ — Хъæрæбийæн æмæ... М и н т æ. Гъы? Барисæн, къамисæгæн не ’мбæлы? Кæд рагæй нæ кусы, уæддæр де ’мхæрæфырт у. 3 ы л ы н. Сисдзысты мæ мае куыстæй. М и н т æ. Ма тæрс, зæгь-иу сын, Тасойы фæндон, зæгь, у. 3 ы л ы н. Цытæ дзурыс? Амардзæн мæ. Ныр цалдæр хатты йæ номæй машинæтæ, мебель, гауызтæ ауæй кодтон. Адæмон контроль мæ алхъывтой, фæлæ сын куы загътон, Тасойы фæдзæх- стæй сæ радтон, зæгьгæ, уæд дисгæнгæ сæ къухтæ фæйнæрдæм акодтой. Ныр та ногæй? Нал! М и н т æ. Алыг ис, ратдзынæ йын. Алхæсты къласы къухда- риуæггæнæг дæм бацæудзæн æмæ-иу ын дубленкæ кæрц радт. Æхца ма райс, мæнæй-иу зæгь, бафыста, зæгъгæ. Уый фæстæ бадзурдзыстæм. 3 ы л ы н. Нæ йæ райсдзæн. Уый ахæм адæймаг нæу. М и н т æ. Æз ахæм сылгоймаг нæ зонын, æмæ фæсарæй- наг дубленкæ чи нæ бакома, уæлдайдæр лæвар. Хъæугæ адæймаг у æмæ йын ницы фæдæн. Алхæстæй бирæ цыдæртæ фæдзуры, йсты куы бахъыгдара. Мæнæ Бæстылханы сæрхъæны нæ зоныс? 3 ы л ы н. Ам сымахмæ чи ’рбауайы, уый? Ахуыргæнæг, дам, у. Уæд æз та — космонавт. М и н т æ. 0, уый. Иу дзæбæх гауыз ын ауæй кæн. Мæ хабар- хæссæг у. Хабæрттæ уый хуызæн ничи зоны. Кæмæйфæнды йæ афæрс, æмæ кæм цæры, куыд цæры, кæимæ цæры, суанг ма сæм цал карчы цъиуы ис,' сæ къустæ, сæ тæбæгъты онг... 3 ы л ы н. Куыд ын радтон раззагдæр кусджыты разæй? Ин- нæ ахуыргæнджытæ мæм слæбурдзысты. М и н т æ. Æгæр мæ ма дзурын кæн. Мæ удæгасæй тæрс- гæ ма кæн. Бриллиант, сыгъзæрин, æвзист æмæ хрусталæй — но- гæй цы райстай? 3 ы л ы н. Дæхæг номхыгъд кæуыл скодтай, уыдоны фæстæ ницыма. 77
М и н т æ. Хабар-иу кæн дæхæдæг, мæ дзурын дæм цæмæн фæхъæуы? 3 ы л ы н. Тасо куы базона, уæд нæ дыууæ дæр фыдбылы- зы хауæм. Æрбацыд К ъ о л а, йæ къухы ехс. К ъ о л а. Зылын, æгас цу, лæугæ цæмæн кæныс? Сбад. Дæ мады хо дæ ницы суазæг кодта, æвæццæгæн... (Ног хъæдын дза- умæттыл йæ къух кæм æрæвæры, уым та йæ Минтæ хæцъилæй асæрфы). 3 ы л ы н. Къола, мæнæн бахатыр кæнут — хъуыдцæгтæ би- рæ ис, хъуыддæгтæ. Хæрзбон уал раут. К ъ о л а. Нæ зонын, цавæр хуъыддæгтæ кæныс. Нæ дукани- тæй дзидза, цыхт, нæлхæ, царв, æхсыр, æхсыры цъæрттæ дæ рæ- стæджы хæйрæг йæхимæ фæхаста. 3 ы л ы н. Къола, уыцы фарста-иу дæ фырт Тасомæ ратт, уый райкомы секретарь у. К ъ о л а. Де скълæдты, дам, цæхх, сæкæр, сапæттæ бирæ ис, зæгъынц? 3 ы л ы н. Уый бæрц дæр дæ хъæуæд. Æмæ уæм нæй? Минтæ мын куы ницы загьта. К ъ о л а. Скълæдтæй сæ дуканитæм кæй нæ ласут æмæ сæм адæм æлхæнынмæ горæтмæ кæй фæцæуынц, уый дæр Та- сойы аххос у? 3 ы л ы н. Уый... уый... Куы йæд нæ вæййы, куы цы нæ вæййы æмæ... Адæм афтæ сты æмæ йын йæ хæдзармæ Терчы дон иууылдæр куы саразай, уæдцæр хъаст кæндзæн — фаг дон нæ радтай, зæгьгæ. К ъ о ла. Дуканигæстимæ кæрæдзиуыл къæм абадын нæ уадзут, уымæн æмæ иу кæвдæсы баст стут. Бæстæ бахæрынц, сæ бинонты сæртæ бахæрой, афтæмæй сыл иу куыдз срæйæг нæ фæвæййы. 3 ы л ы н. Къола, æндæр исчи куы уаис, уæд дын ацы æфхæрд нæ ныббарин. Куыд кусон хорз, мæхицæуттæн ны- мæц куынæ ис? Алчи дæр домы, алчи дæр тæрсын кæны, æрт- хъирæн кæны! Æмæ сын цы кæнон? Хицæуттæ, сæ устытæ, сæ сывæллæттæ, сæ хæстæджытæ æмæ уыдоны хæстæджы- 78
тæ! Фенин уæ искæй мæ бынаты: дыууæ бонмæ лидзæг фæ- уаид! М и н т æ йæм мæсты каст бакодта. К ъ о л а. Искæй ныхæстæй нысан акъуырæн нæй, кæугæ та æдых фæкæны. Æнæбары хицауæн алчи дæр йæ хицау. Куыд хæссыс уыдæттæ дæ сæрмæ? Лæг куы дæ?! 3 ы л ы н (мæстыйæ). Хорз мæ федтат, уæ минас бирæ! (Ацæуы, М и н т æ дæр йæ фæстæ). К ъ о л а. Хуыздæртыл амбæл... Сау хохæй урс дур нæ хауы, йæ фыд дæр давæг уыд æмæ йæхæдæг дæр. Мард хæрæджы цæфхæдтæ дæр рафтаудзæн... Æрбацыд М и н т æ мæстыхуызæй. Къуымты зилы. К ъ о л а йын цыдæр зæгъынмæ хъавы, ницы сдзырдта, ацыд. М и н т æ телефоны дзуры. М и н т æ. Людмилæ, уый æз дæн. Цы фæци Дунетхан?.. Тынг хорз бакодтай, мæ уд дæ нывонд фæуæд. (Æрæвæрдта хæ- тæл.) Бæстылхан (æрбацыд, стъолы фарсмæ ’рбадт). Хæ- рæджы фæллад бакодтон. Сымахмæ мæ фæллад ссæуы æмæ та мæ сæр ам фæтьыссын æз дæр. М и н т æ. Дæуæн дæр, Бæстылхан, цас хæрзтæ фæдæн, уыдон дын зæгьин, æмæ дæ æлгьитын мæ цæст нæ уарзы. Бæстылхан. Цæй, æлгьыст хъама куынæ у, лæг дзы нæ мæлы, мыййаг. Дуртыл фæбадон, цæмæн æнамонд фæдæн: аф- тид къух цыбыр у, цæмæй дын бафидон дæ хæрзтæ... Искуыцæй ма иу гауызы гæппæл мæ къухы куы бафтид. Айразмæ дæр дын, бæргæ, бакой кодтон... М и н т æ. Мæгуыр-мæгуырæй цы не ’лхæныс, ахæм дын нæй. Гауызæй дын ницы ныфс æвæрын, ныртæккæ, дам, ссарын- мæ не сты. Б æ с т ы л х а н. Æз цы Минтæйы зонын, уый бафæндæд, æндæр дуртæй дæр дон рауадздзæн. Зылынæн дæ иу комулæф- ты йедцæмæ нæ хъæуы, æндæр уый дуртыл фæбадæд, зæххы бы- нæй дæр æй сдавдзæн. Уыцы хорздзинад ма мын сараз æмæ мын "дæхи Терчы баппар" куы зæгьай, уæддæр фæстиат нæ фæ- уыдзынæн. 79
М и н т æ. Бадзур Зылынмæ æмæ дын ратдзæн. Бæстылхан. Науæд дуртыл фæбадæд, кæд æм мæ хуызæтты ныхæстæ куыдз рæйæгау дæр нæ кæсынц. Мæ ныхас æй пысырайау судзгæ кæны, сындзау — рæхойгæ. М и н т æ. Загьтон ын. Уартæ дын телефон, цу, бадзур æм. Нал мыл æууæндыс? Бæстылхан. Фæуæд афтæ, цы мын кæндзæн, кæд мæ ракæна æлгъитгæ. (Систа телефоны хæтæл, æрзылдта цалдæр хатты). Алло! Зылын мæ хъæуы, Зылын. Зылын дæ? Дæ бон хорз. Уый дæ Бæстылхан хъыгдары. Ракæса, мæнæ дын Минтæ мæн тыххæй ницы дзырдта? Æцæг?! 0,о, дуртыл фæбадон, æз та, зæгъын, мæ кæд хъазгæ кæны. Бузныг, бузныг! Фæрнæй дзы фæ- кус. Никуы дын æй ферох кæндзынæн... Хорз, хорз. (Æрæвæрдта телефоны хæтæл). М и н т æ. Цæй, куыд? Бæстылхан. Æцæг зæгъыс, æцæг! Цы диссаджы адæй- маг дæ! Хъуыддаг ацаразынмæ ды районы хицауадæй сæрæндæр дæ. Зæгъ мын цыдæридцæр — æмæ мæ уд дæ къæхты бын. М и н т æ. Зонын дæ: рувасау — дæ ныхас, бирæгьау — дæ лæбурд, де ’взаг та — сæрдасæн. Бæстылхан. Дæ зæрдæ мыл дар. Цы хъæуы? М и н т æ (сусæгæй). Дæсæм къласы чызджытæй, дам, иуыл тыххæй хæцыдæуыд. Бæстылхан. Фехъуыстон, фехъуыстон, дуртыл фæба- дой, ахæм ма æбуалгъ ми æрцæудзæн? М и н т æ. Базон, куыд ничи дыл фæгуырысхо уа, афтæмæй, чи уыдысты тыхгæнджытæ? Цалдæр, дам, уыдысты. Кæмæ сæ зæрдæ æхсайы? Милицæ та цы зоны? Чызг кæм ис? Цы дзуры? Зоны сæ æви нæ? Цыбыр дзырдæй, амонын дын ницы хъæуы, тæккæ райсом мын уыцы хабæрттæ фехъусын кæн. Бæстылхан. Ууыл мын дæ сæр дæр ма сриссæд. Мис- халы онг дæр дæм сæ æрбахæццæ кæндзынæн. Чызгæн йæ хæдзары дæр смидæг уыдзынæн, йæхи дæр ын кæд ракъахин. Фыдгæнджыты, дам, дæсæм къласы къухдариуæггæнæг Дунетхан милицæйæ тынгдæр агуры. Уый сæ ма ссара, дуртыл фæбада, уый гæнæн нæй. Æхсæв дæр, дам, нал хуыссы. Налат у, налат, дуртыл фæбада, загъта — уæд алыг ис. 80
М и н т æ. Хохмæ лидзынæй та цы хъуысы? Дуне диссæгтæ дзы куы аразынц? Бæстылхан. Цыма дзы ницы рауайдзæн. Адæм сдыуу- æрдæм сты: Тасо сæ уырдæм сайы йе ’мзонд лæгтимæ, иннæтæ та сæ къуылымпы кæнынц. Сæ тæккæ цырв у дæлæ Тути, дуртыл фæбада. Уынгты зилы æмæ адæмы тæрсын кæны... М и н т æ. Æмæ сын цытæ фæдзуры?.. Бæстылхан. Дуртыл фæбадæд, кæд исчи ахæм æбу- алгь ныхæстæ нæ мысы, уæд. М и н т æ. Цы, дам, цы? Зæгь ма сæ мæнæн дæр. Бæстылхан. Тасо, дам, кусæг адæмы сæ дзæбæх цар- дæй фæхауæггаг кæнынмæ хъавы. Фыццагау, дам, сæ хæхты цъассытæм хъизæмæрттæ кæнынмæ æрвиты. Уыцы ногдзинады тыххæй, дам, йæхицæн хæрзиуджытæ бакусдзæн, адæмы та зын- доны баппардзæн. М и н т æ. Куыддæтæ уæнды, куыд, йæ игæр фехæла, уыдæттæ махон куы фехъуса, уæд... Бæстылхан. Ноджы ма куыд зæгъы, уый куы зонис, ду- ртыл фæбада. Йæхæдæг дæр æмæ, дам, йе спикулянткæ ус дæр хохмæ никуы ацæудзысты. Уым, дам, райком æмæ райпо нæй. Ома дзы сымах аккаг куыст нæй, зæгъынмæ хъавы. М и н т æ. Уый æз дæн спекулянткæ?! Уый æз кусын рай- пойы?! Фæлæуу, æз æй фæсмонгонд фæкæндзынæн. Тугтæ мы- сы æмæ йæ туг фæкалæд. Æз æй уыцы цъыфкалæн миты тыххæй ахæстоны абадын кæндзынæн. Мæ бар ма йæ бауадз, ныртæккæ милицæмæ бадзурон. (Фестад, телефонмæ фæуайы. Йæ фæстæ Бæстылхан батахт æмæ йын телефоны хæтæл йæ къухтæй исы.) Бæстылхан. Фæлтау дын куы ницы загътаин æмæ ме ’взаг йæ рæбыныл куы ахауид. Ма бадзур, ма сызмæнт бæстæ. Иууыл дæр мæн аххос фæуыдзæн, дуртыл фæбадон. Ма мæ фе- саф, ма мæ бабын кæн... Ахæм ныхæстæ канд Тути нæ кæны... Дунетхан (æрбацыд, йæ дæларм дубленкæ). Æмбæлы уæм? Нæ уæ бахъыгдардтон? Бæстылхан. Куы æрбацыдтæ, уæд ма æмбæлыйæ цы фæрсыс? М и н т æ. Рахиз, рахиз, Дунетхан, ды нын кæддæридцæр зынаргь уазæг дæ. 6 Царды хос 81
Дунетхан. Бузныг, Минтæ, демæ хицæнæй адзурынмæ хъавын. Кæд уæ ныхас нæ фестут, уæд уал æз банхъæлмæ кæс- дзынæн. Бæстылхан. Æмæ дæм цæмæн афтæ кæсы æмæ æз мæ ныхæстæ алкæй цур фæдзурын? Минтæ, æз цæуын, нæ мæ æвдæлы, æгæр дæр афæстиат дæн. (Ацыди.) М и н т æ. Сбад уал, Дунетхан, исты хабæрттæ кæн. Дунетхан. Тасо уын кæм вæййы? Куысты йæ никуыма баййæфтон. Тынг æхсызгон мæ хъæуы. М и н т æ (хъазæгау). Йæ бинонты дæр бæргæ хъæуы, фæ- лæ нæй. Фермæтæ, быдыртæ, арæзтад. Секретары хуызæнæй йæм ницыуал вæййы — куы йæ силосы тæф фæкæлы, куы йæ до- хты. Дунетхан (хъазгæйæ). Хъугдуцджытæй дын æй мачи ’рцахсæд, зоотехниктæ дæр æрыгон чызджытæ сты æмæ... М и н т æ. Ахæмæй йæм мæ зæрдæ не ’хсайы. Дзидза æмæ дзы æхсыры мæтæй æз дæр ферох дæн. (Худы). Дунетхан. Ма ’ууæнд. Æгæр тынг ыл ма ’ууæнд. Дзидза æмæ йын æхсырæй йæ зæрдæ куы алхæной æмæ дæу бынтон- дæр куы ’рбайрох кæна... Цæй, хъазынмæ мæ не ’вдæлы. Мæ цы- ды сæр Алхæсты фæдыл у. М и н т æ. Ома цæй тыххæй? Дæхæдæг зоныс — хорз ахуыр кодта. Дæсæм кълас каст фæци, институтмæ йæхи цæттæ кæ- ны. Дунетхан. Фæзминаг ахуырдзау уыд, фæлæ йæ Тасойы шофыр сусæгæй ласын куы райдыдта скъоламæ, дзæгьæл ратæх- батæх куы райдыдта... М и н т æ. Алхæсты иннæтимæ ма бар, уый иннæты хуызæн нæу. Уый ахæм уавæрты, ахæм бинонты ’хсæн хъомыл кæны æмæ... Дунетхан (йæ дзырд ын айста). Æмæ дзы иуы дæр Ал- хæстмæ не ’вдæлы. Алчидæр сæ йæхи хъуыддæгтæ кæны. М и н т æ. Махоны не ’вдæлы, фæлæ æз сывæллæтты тых- хæй кусгæ дæр куынæ кæнын. Дунетхан. Кусыс, æгæр бирæ дæр кусыс. Æз ма дыл дис дæр фæкæнын, куыд арæхсыс, куыд фæразыс, уыйбæрц. М и н т æ. Хæдзары бирæ куыст ис... 82
Дунетхан. 0, райпойы сæрдарæн, дам, сæрдарæй дæр кусыс — Минтæ, дам, минтæ бирæ уарзы æнæ кусгæйæ. М и н т æ. Уый та дын цавæр хахуыр у. Дæ ныхæстыл хъуы- ды нæ кæныс? Ахуыргæнæг куы дæ? Дунетхан. Гауызæй, хрусталæй, сыгьзæринæй, суанг ма мебель æмæ машинæтæ дæр, ды кæмæн зæгъай, уыдонæн куы уæй кæнынц. М и н т æ. Уый цъыфкалæн хахуыр у. Уый дын нал ныббар- дзынæн. Уый тыххæй... Дæ ныхæстæн ды тæрхондоны дзуапп рат- дзынæ. Æз ныртæккæ милицæмæ фæдзурдзынæн. (Фестад.) Дунетхан. Милицæ дын дæхимæ фæдзурдзысты а- дыууæ боны. М и н т æ. Æз дæ баласын кæндзынæн, æз дæ сбадын кæн- дзынæн. Дунетхан. Тæрхон кæнын дæуæн хъæуы, фæлæ дæ фырт дæ разæй фæци. М и н т æ (фæджих). М’арт бауазал, цытæ дзурыс!Æрра фæдæ? Кæм и? Цы кодта Алхæст? Дзургæ! Дунетхан. Йе ’мбæлттимæ сæ къласæй иу чызгыл тых- хæй хæцыд, тыхмитæ йын кодтой... Чызг йæхи марынмæ хъавы... М и н т æ. Нæ! Нæ-нæ! Уый Алхæст нæ уыди. Ахæм нæу мæ хъæбул. Уый хахуыр у. Ууыл æй сæвæрынмæ хъавынц, ома, сек- ретары фырт у æмæ уый фæрцы кæд хъуыддаг бамынæг уаид, нæ? Ницы уын дзы рауайдзæн мæ удæгасæй. Дзæгьæлы уæхи ту- хæнæй марут. Æз æй мæхæдæг сбæлвырд кæндзынæн. Тæккæ райсом. Дунетхан. Дæ сæр куы хъуыд, уæд хъуыд, ныр сæ бæ- рæггæнджытæ уыдзæн. М и н т æ. Цæй, цы йæ ныддиссаг кодтай, Дунетхан? Куы ницы йын кодтой: чызг уыди æмæ чызгæй баззад. Æз уын дохты- рæй справкæ дæр райсдзынæн, чызг кæй у, уый тыххæй. Ныххæ- цынмæ, дам, ыл хъавыдысты. Æмæ хъавынæй цы ис? Алчидæр цæмæдæрты фæхъавы. Д у н е т х а н. Æз сæ дæуæн дзуринаг нæ уыдтæн. Ды дæр æмæ дæ фырт дæр замманайы уæздан, кадджын лæджы цъыфты тулут. Уый та дæ митæн, йæ фырты митæн ницы зоны. Йæ хæдза- ры цытæ цæуы, уый нæ зоны. 83
М и н т æ. Мæ лæгимæ, мæ бинонтимæ дæу ницы хъуыддаг ис. Нæ фырт чи у æмæ цы у, уый мæхæдæг хуыздæр зонын, туг- тæ йыл мысыс. Дунетхан. Тасо скъолайы къæсæрæй никуы бакаст, ни- куы бафарста йæ фырт йæхи куыд дары, куыд ахуыр кæны. Æгæр- мæгуыр ын йæ ахуыргæнджыты дæр нæ зоны. М и н т æ. Æнæхъæн районæн дзуапп кæй дæтты, уый дæ рох ма уæд... Мæнæ æз хорз зонын Алхæсты ахуыргæнджыты, сæ зæрдæхъыджы никуы ницæмæй бацыдтæн. Дунетхан. Дæ фырты сафæг дæхæдæг дæ. Тынг хорз ахуыр кодта, фæлæ ахуыргæнджытæн зæрдæлхæнæнтæ куы рай- дыдтай, уæд ын хорз бæрæггæнæнтæ æвæрдтой æнæ фæрс- гæйæ дæр. Йе ’мбæлттæ йæм хæлæг дæр кодтой æмæ мæсты дæр. М и н т æ (лæгъзæй). Ды дæр мæ, Дунетхан, рох бæргæ нæ дæ, фæлæ дын хорз лæварыл нæ хæст кодтон. Æрæджы райстам фæсарæйнаг кæрцытæ сылгоймагæн. Дæу аккаг дзы иу уыди... Фыст у йæ аргь дæр. Фæрнæй йæ фæдар. Дунетхан. Цæй чъизи, цæй цъаммар адæймаг дæ! Æлгь та куыннæ кæныс дæ митыл, дæ хъуыдытыл? Кæйдæртау мæ уæййаг æнхъæлыс! Нæ, ницы дын дзы рауайдзæн. Айс мæнæ дæ давæггаг дзаума, судзгæ мæ кæны йæ уынд дæр. (Цæуынмæ хьа- вы). М и н т æ. Дунетхан, фæлæуу, дæ хорзæхæй, мæ ингæны ныккæс, цæуынвæнд куы скæнай. Бæстондæр ма мын радзур, цы- тæ дзырдтай Алхæсты тыххæй? Цæмæн дæм афтæ кæсы, уый Ал- хæст уыди. Кæд æндæр исчи уыд? Кæд йе ’мбæлттæ уыдысты? Уый кой цæмæн кæныс? Дунетхан. Уыцы æвирхъау хабары фæстæ цалдæр боны Алхæст уæ хæдзары нæ вæййы. М и н т æ. Герæ æмæ Ромæимæ сæхи экзаментæм цæттæ кæнынц. Уыдонмæ вæййы. Уыдон дæр-иу уыдысты махмæ æхсæв- ты, бонты. Дунетхан. Уыдон дæр сæхимæ нæ вæййынц. Алхæст хъæздыг хæдзары, хицауы фырт, æхцаджын лæппу, нуазы, тамако дымы. Уыцы хабæрттæ дын æнæзынд не сты. Æвзæр мийæ ма йын уый баззад æмæ йæ бакодта. 84
М и н т æ. 0, тамако дымдта. Нуазгæ дæр-иу акодта... Фæ- лæ æнаккаг ми нæ бакодтаид. Йæ фыды сæр нæ фегад кæндзæн. Уый æнхъæл нæ дæн... Чызджы хабар, мæгуырæг, фехъуыстон. Æхсæвыгон йæ размæ бабадтысты, æвирхъау митæ йын кодтой... Фæлæ чи уыд, уый не сбæрæг, зæгъынц. Дунетхан. Чызджы зæрдæ æхсайы Алхæст, Гермæн æмæ Ромæмæ. Стæй мæ зæрдæ дæр. Уырны мæ, зонын æй, æн- дæр ничи уыд. Милицæимæ дзырдтон. Мæнмæ гæсгæ сæ зонынц, фæлæ йæ цыма Тасойы тыххæй сусæг кæнынц, ныссабыр кæнын- мæ йæ хъавынц. М и н т æ. Нæ лæджы зæрдæ аскъуыйдзæн... Ныссабыр æй хъæуы исты хуызы... Курын дæ, Дунетхан... Дунетхан. Куыд ис ныссабыр кæнæн уымæн? Ам, рай- оны милицæ куынæ æрцахсой цъаммар тыхгæнджыты, уæд æз мæхæдæг хъаст кæндзынæн дарддæр. Æрцахсын сæ кæндзы- нæн. М и н т æ. Цытæ дзурыс, Дунетхан, æрра фæдæ. Нæ лæджы сæр ахъуыды кæн, ма йæ амар... (Кæуы). Дунетхан. Тасойæн æз стыр аргь кæнын, йæ марджы- тæ та ды æмæ дæ фырт стут. (Ацæуы). М и н т æ. Мæ хæдзар фехæлд, мæ бындур ныззылд, Цы ма кæнон, куыд ма кæнон?.. Кæмæ кæнон фæдисы хъæр? Куы бай- сæфтыстæм! Уæ дæ зынг куыд ахуыссыд, Алхæст... Уæд та мили- цæмæ бадзурин...Æмæ сæм куыд бадзурон?.. Бабын стæм, ба- бын стæм. Нæ лæг дæр ам нæй... Йе ’рцыдмæ хъуыддаг нысса- быр хъæуы, кæннод... Æрбацыд Т а с о хъæлдзæгхуызæй. М и н т æ, цыма ницы фехъ- уыста, афтæ йæхи дары. Аивæй кæрц æмбæхсы. Т а с о. Цы та кæныс? Цæуыл нырхæндæг дæ? М и н т æ. Куыннæ цин кæнон... Хæдзармæ кæй нал цæуыс, ууыл? Т а с о. Фæндæгтæ арæзт фестæм. Хæхбæсты ныррухс код- та Ильичы цырагъ. Зын æмæ тæссаг куыстытæ уыдысты, фæлæ фæуæлахиз стæм. Райдыдтам аразын сæрмагонд проекттæм гæс- гæ цæрæн хæдзæрттæ, скъола, клуб æмæ фосдарæн стыр комп- лекс. 85
М и н т æ. Æнæ галæй кæвдæстæ бийгæ никуыма федтон. Т а с о. Уыдзæн дзы гал дæр æмæ рæуæд дæр. Сывæллæт- тæ ахстæттæ саразынц, мæргьтæ куы нæма æртæхынц, уæд. Стæй сæ уæд сауцъиутæ æрцæрынц. Ахстæттæ сын фаг дæр нæ фæкæны. М и н т æ. Адæм дын цъиутæ не сты, ратæх-батæх нæ кæн- дзысты. Т а с о. Тынг хорз! Мæн дæр афтæ фæнды æмæ дзы фидар, æнусон уидæгтæ куыд ауадзой. М и н т æ. Куы никæй, дам, фæнды хохмæ, уæд дæу иннæ- тæй фылдæр хъæуы? Тæссаг куыст æй хонынц. Т а с о. Макæмæ хъус. Мæнæ мæ куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæнæм, стæй фендзыстæм. Бирæтæ нæм лидздзæн го- рæтæй, быдыры хъæутæй, фæлæ уый æнцонæй сæ къухы не ’фтдзæн: исдзыстæм æрмæстдæр хæрзæгъдау раззагдæр кус- джыты. Конкурс нæм уыдзæн, конкурс! М и н т æ. Æмæ дзы уый бæрц адæм кусгæ та цы кæндзы- сты. Æгуыстæй сæ дардзыстут? Т а с о. Куыст дзы алкæй фаг дæр уыдзæн. Сæйрагдæр — фосы куыст, хойраджы программæйы куыст. Нæ хæхбæстæ та æхсыр æмæ дзидзайы хъæздыг къæбиц у. Скæндзыстæм дзы тынг бирæ стурвосы рæгъæуттæ æмæ фысвосы дзугтæ. Фысво- сæн фаг аргъ нæ цæуы, афтæмæй дæтты дзидза, къуымбил, йæ цармæй йын аразынц зынаргъ кæрцытæ, хорз сæрак. Æвдадзы хос у йе ’хсыр дæр. Фысы цыхт сойджын, хæрзад, уымæй конд уæлибæхтæн æмбал нæй, царвы ленк фæкæнынц. Стæй йæ царв хуымæтæджы царв нæу. М и н т æ. Кæд ма федтай фыс дуцгæ? Зæронд замантæм аздæхынмæ хъавыс? Т а с о. Цæмæн сæфы дзæгъæлы сæдæгай тоннæтæ æлу- тон царды хос? Болгари æмæ Румынийы федтон — абон дæр фыс- восы дуцынц. Ам нæхимæ дæр Къобы æмæ æндæр рæггы хосгæ- нæн æхсыр дзæгъæлы нæ сæфы. Дуар æрбахостæуыд. Æрбахызт 3 ы л ы н, йæ дæларм цыдæр тыхтон. 86
3 ы л ы н. Ныххатыр кæнут, æнæхонгæ уазæг. Тасо, ам æн- хъæл дын нæ уыдтæн. Хатыр уæд... (Йæ тыхтон æрæвæрынмæ хъавы, фæлæ нæ уæнды, тæрсгæ йæ фæсдуар æрæвæрдта.) Т а с о. Æгас цу, Зылын. Кæцæй фæдæ? Куыд цæуы дæ куыст? Сбад, бадгæ скæн. 3 ы л ы н. Ницы йын у. Мæнæ, зæгъын, мæ мады хойы абæ- рæг кæнон. (Бакаст тарстхуызæй Минтæмæ). Т а с о. Уый дæр хорз у, фæлæ автолавкæтæ фермæтæм, быдырон стантæм, бригæдтæм цæуыннæуал æрвитыс? Цал хатты дзурын дын хъæуы: хохмæ сæ арæхдæр æрвит, зæгъгæ? 3 ы л ы н. Дæ бардзырд æххæст кæнын кæддæридцæр. Кæ- дæм фæзæгъут... фæзæгьыс, уырдæм сæ æрвитын зынаргь дза- умæттимæ. Т а с о. Уæдæ хъаст цæмæн фæкæнынц? 3 ы л ы н. Тасо, адæмæн бафсис ницæмæй ис. Цасфæнды сын хорз фæу, уæддæр разы не сты. Т а с о. Мæ хъустыл æрцыд, цыма товары дзæбæхæй адæм- мæ ницы хауы, сусæгæй сæ кæмæндæрты авæрыс? 3 ы л ы н. Нæ, уый раст нæу. Чидæр та хахуыр кæны. Т а с о. Базарады æгъдæуттæ ма хал, хъулон митæ макæ- мæн кæн, фæлæ фыццагдæр уæй кæн механизатортæн, фосы- куыстгæнджытæн. Хохмæ, хохмæ фылдæр дæ хъус дар. 3 ы л ы н. Искуы иу хатт кæд районы хицауадæй искæй къух ацаразын, уæд цас диссаг у. Ацы адæм, ацы адæм. Сæ къæбутыл дæр цæстытæ ис. Сæ дзыхты та æппын ницы уромынц. Т а с о. Искуы ма дыл хъаст æрбацыд, уæд дæ куыстæй ист æрцæудзынæ. Бамбæрстай мæ? М и н т æ. Уæдæ мын æндæр цы фæуа мæ хæрæфыртæн. Фелвасут æй — махмæ хорз кусæг нæ фидауы. 3 ы л ы н. Цæй, мæнæн хатыр. Æз цæуон, нæ мæ ’вдæлы, товартæ райстам æмæ... (Минтæйæн уæхсчытæй, цæстæй, къухтæй цыдæр амоны æмæ та бакæсы Тасомæ). Хорзæй баз- зайут. Т а с о. Фæндараст. Мæ ныхас дæ ма ферох уæд. 3 ы л ы н фездæхт æмæ тыхтон ахаста, М и н т æ ахызт 3 ы л ы н ы фæстæ. Æрбаздæхт. 87
М и н т æ. Куыдзы къæбылайы йæ хæдзарæй куы ничи тæ- ры, уæд мын мæ туг, ме стæджы куыд атардтай?! Т а с о. Не ’фсин! Ныр кæдмæ дзæгьæл бадт кæндзынæ? Цæуыннæ бацæуыс исты куыстмæ? М и н т æ. Æмæ æз æнцад бадын? Хæдзары гыццыл куыст кæнын? Гыццыл хъуыдцæгтæ аразын? Нæ бинонты нын чи дары, уæдæ? Уæдæмæ ды адæймаджы рисс никуы бамбардзынæ... Стæй ма нæ лæг райкомы секретарь цæмæн у? Т а с о. Иннæ секретарьты устытæй йæ хæдзары ничи бады. Цал хатты дын загътон — нæй æнæ кусгæ! Дохтыр дзæгьæлы ба- дæд! Ис дзы бынат, ацу тæккæ райсом кусынмæ. М и н т æ. Рынчын кæй дæн, уый дæм зынгæ дæр нæ кæны. Т а с о. Æз дæ схъæрзгæ никуыма федтон. М и н т æ. Ды мæн уæлсынт куы фенай, уæдцæр дæ нæ ба- уырндзæн, мард дæн, уый. Т а с о (паузæйы фæстæ). Дзурынц мæм обкоммæ. Æвæц- цæгæн та комплексы арæзтады тыххæй. Ахсджиаг арæзтад у, об- ком дæр æм йæ хъус тынг дары. М и н т æ. Хæдзарсæфт фæуæнт сæ комплексимæ. Æхсæв дæр уым куы бацардтæ, уæд ма цы сæ гуыбыны нæ цæуы? Т а с о. Арæзтады штабы хицауæй мæн сфидар кодтой, уый дæ рох ма уæд. М и н т æ. Сыгъзæрин стъалы дын дæ риуыл ма ’рсадзæнт? Т а с о (хъазæгау). Æмæ æз уыцы стъалы алыбон дæр куы уынын сæууон хуры скастау... Абон сын зæгъдзынæн, нæ дзырд æнтыстджынæй æххæст кæнæм, пъланæй Цæуæм бирæ раздæр. Арæзт фæуыдзыстæм æмгъуыдæй раздæр. Афтæ æнæзивæгæй никуыма цыдтæн обкоммæ. М и н т æ. Цыма уыцы сыгъды комплексæй мæ бинонты цард фæхуыздæр уыдзæн, уый цин ыл куы кæныс. Æрбацыд К ъ о л а, йæ къухы газеттæ, журналтæ, писмотæ, ехс. Дæтты сæ Минтæмæ ехсæй фæстæмæ. К ъ о л а. Æрхæццæ дæ, лæппу? Цы хабæрттæ ис Захъаго- мы, нæ фыдæлты уæзæгыл? Нæ мæсгуытæй ма исты баззад? Ра- гæй дзы нал уыдтæн. 88
Т а с о. Куы йæм бакæсис, уæд æй нал базонис — ахæм арæзтад дзы цæуы æмæ зæронд хъæу нæ, фæлæ æнæхъæн ком дæр йæ хуыз ивы. К ъ о л а. Мæнæ ма ам мæ фарсмæ æрбад, æз дæ цæмæй- дæрты афæрсон. Дæ Хуыцауы хатырæй, зæгь ма мын, хохы ног колхоз аразут? Районы æндæр кой куынæуал ис. Т а с о. 0, баба, уый раст у. Ног хъæу æмæ ног колхоз. К ъ о л а. Кæд ма исты хъуыды кæнын, уæд дзы фермæ ара- зынмæ хъавыдтæ. Т а с о. Уый раст у, фæлæ кæмттыл, рæгьтыл кæм фистæ- гæй, кæм бæхыл цалдæр хатты куы æрзылдтæн дæсны специали- сттимæ, фадæттыл, уавæртыл хорз куы ахъуыды кодтам, уæд фи- дарæй скарстам — Захъагомы уыдзæн ног дуджы гуырд егъау хъæу æмæ пайдаджын колхоз. Обкомы дæр немæ сразы сты. К ъ о л а. Фæлæуу-ма, фæлæуу. Мах колхозтæ арæзт тынг раджы фестæм. Ды та нын ног коллективизаци кæнынмæ хъа- выс? Т а с о. Паддзахадæн, адæмæн пайдадæр цы уа, уый аразы- нæн æрæджы никуы у. Хæхты, рæгьты сæрмæ машинæтæ згьо- рынц. Цъамелы фæз æхсæв бонау рухс у электрон рухсæй. Ныр та райдыдтам, æппæты раззагдæр хъæуы цыдæриддæр царды до- мæнтæ æххæст кæнынæн вæййы, уыдон аразын. Нал уыдзæн нæ хæхты фыццагау хъизæмары цард. Адæм сæ цард æмæ сæ куыстæй уыдзысты райгонд. Фаг сын уыдзæн алцыдæр хъæздыг æмæ рæсугъд цард кæнынæн. К ъ о л а. Хъæздыг лæгтæ ам дæр бирæ ис, æгæр хъæздыг чи у, ахæмтæ. Уартæ нæ сыхаг Бибойы райс. Сæрæн лæг, амал- джын. Фæллой скодта. Схъæздыг. Æнæхъæн хъæуы, æвæццæгæн, уый бæрц æхца никæмæ ис. Фæлæ æппындæр нæ фæзынд Би- бойы хъæздыгдзинад нæ хъæуы цардыл. Т а с о. Бибойы фæндаг нæ бæззы. Уый иу лæджы фæндаг у, бирæгъы фæндаг. Кусы, цæмæй æрмæстдæр йæхæдæг уа æф- сæст. К ъ о л а. Æмæ цас хъæуы лæджы? Гуыбыны коммæ чи кæ- сы, уый йæ сæр хæры. Цæст та æппын ницæмæй æфсæды: цас æм фылдæр уа, уыйас æй ноджы фылдæр хъæуы. Уый лæджы цард нæу. 89
Т а с о. Бæргæ, уый адæм иууылдæр дæ хуызæн куы æмба- риккой. К ъ о л а. Тасо, мæ хур, уæззау дурæн рæуæг ныхæстæй си- сæн нæй. Æгæр уæззау уаргь райстай, куынæ йæ афæразай, дæ ас- тæу куы фæтынг уа, дæ уæрджытæ куы фæтасой, усгуры сагьæс — Хуры чызг, фæлæ алкæй къухы не ’фты йæ ракурын. Т а с о (хъазæгау). Баба, дæхæдæг куы фæдзурыс: сæгуыт куы хауа, уæд айнæджы сæрæй. Æвзæр та йæ удæн фæтæрсы. М и н т æ писмотæ бакаст, газеттæм, журналтæм æркæстытæ кодта æмæ ацыд. К ъ о л а. Тасо раст у, нæу, уый нæ зонын, фæлæ цыдæр сусу-бусутæ мæ хъустыл æрцыд, æмæ... Т а с о. Сусу-бусутæм та цы хъусыс? Æз сæм мæ хъус ни- куы фæдарын. К ъ о л а. Дзæгьæлы. Абон сусу-бусу кæй кæнынц, уый рай- сом адæм цъиутау уасдзысты. Т а с о. Зæгъ æй, цы фехъуыстай, кæд рæгъмæ рахæссын- мæ бæззы, уæд. К ъ о л а. Кæдæм æй хæссай, уый дæ бар, фæлæ, дам, цы- ма чындз базары хъуыдцагмæ йæ хъус тынг дары, афтæ фе- хъуыстон. Т а с о. Ома, уый куыд æмбаргæ у? К ъ о л а. Йæ хæрæфырт нæм æгæр арæх цæуын байдыд- та. Райпойы сæрдар Зылынæй зæгъын. Цыдæр æмбæхст ныхас фæкæнынц, цавæрдæр тыхдæттæ дæр æрбаласы... Нæ цæуы мæ зæрдæмæ Зылын. Т а с о. Ау! Афтæ куыд бакæндзæн? Æз æй сбæрæг кæн- дзынæн æмæ уæд... Æмбæрзæн. ДЫККАГ НЫВ Обкомы бюройы æмбырдгæнæн уат. Стьолы уæлхъус бадынц бюройы уæнгтæ. Дæлдæр бады Т а с о. 90
Е л и з б а р. Ныхасы бар обкомы бюройы уæнг Аслæнбёт гæн. Дæ хорзæхæй, Аслæнбег. Аслæнбег. Куыд зонут,афтæмæй обкоммæ æрбацыд иу-цалдæр хъасты. Тасойы бинонтæ, дам, æхсæнадон æгьдау ха- лынц. (Тасойы цыма исчи барæхуыста, уыйау фæци). Тасойы би- нойнаг Минтæ кусгæ нæ кæны ныр цалдæр азы, дохтыр уæвгæйæ, йæ лæджы номæй пайда кæнгæйæ, къухдариуæг кæнын райдыд- та райпойæн. Райпойы скъладмæ цыдæриддæр товартæ цæуы, уыдон хæлæдцаг кæны, куыд æй фæнды, афтæ. Сбæлвырд код- там, цас ныууæй кодта, уыдон. Ууыл дæр нæ ныллæууыд, фæлæ йæ хæстæджыты, хиуæтты, зонгæты æвæрын кодта алыхуызон бæрнон куыстыты. Зылын дæр йæ хойы лæппу у. Рæдыд æмæ тæссаг фæндагыл лæуд у сæ фырт Алхæст дæр. Сæ къласæй иу чызгæн тыхми бакæнынмæ чи хъавыд, уый дæр уымæй æнхъæл сты, кæд хъуыддаг цæмæндæр ныссабыр, уæддæр. Разамонæг, бæрнон кусæг уæвгæйæ, Тасо бынтондæр ферох кодта, хъомыла- дон куыст йæ сæйраг хæстæй иу кæй у, уый. Афтæмæй ног цард аразджыты бæсты йæ хæдзары хъомыл кæны, æхсæнадæн тæс- саг чи у, ахæм бинонтæ... (Тасо мардау фæци). Е л и з б а р. Уыдзæн фарстатæ докладгæнæгмæ? Ч е р м е н. Уыцы æбуалгь хабæрттæ райкомы бюройы уæнг- тæн зындгонд нæ уыдысты? Аслæнбег. Сæ хъустыл цыд хабæрттæй бирæтæ, фæлæ сæ, Тасойы нымайгæйæ, Тасойы æфсæрмæй, нæ равзæрстой, нæ сæ сбæлвырд кодтой. Ханджери. Тасо зыдта уыцы хабæрттæ? Аслæнбег. Мæнмæ гæсгæ, нæ зыдта. Бæлвырддæр дзу- апп ратдзæн йæхæдæг Тасо. Е л и з б а р. Тасо, радзур-ма, куыд рауад уый? Куыд æрха- стай дæ сæрмæ коммунисты, райкомы секретары ном фæхудинаг кæнын? Т а с о слæууыд, зæхмæ кæсы, ницы дзуры, йæ зæрдæйыл фæхæ- цыд. Чидæр ын дон авæрдта. Сбадт фæстæмæ. Ч е р м е н. Бирæтæ ногдзинад, раззагдæр фæлтæрддзи- над куы фенынц, уæд ыл бацин кæнынц, бахæлæг æм кæнынц æмæ сæ уыйфæстæ ферох вæййы, нæ дзы спайда кæнынц. Тасо уыдонæй нæу: йæ зæрдæмæ арф айста, сыхаг республикæтæ 91
хæхбæсты хъæздыгдзинадæй куыд пайда кæнынц, уый, æмæ йын абон йæ куыст хорзыл банымадтам. Фæлæ ныртæккæ хорз кусын æгъгъæд нæу. Дæ бинонтæ цытæ кусынц, уый ма зон?! Е л и з б а р. Тасо, кæд дæ исты зæгьын фæнды? Т а с о (сыстад, сæр йæ риуыл æруагъта). Цы ма зæгъон, нæ зонын... Мæ хабæрттæ йæ сæхæдæг загьтой... Куырм галы цыд фæкодтон размæ, фæлæ мæ фындзы бын мæ бинонтæ куыд цæрынц, уый нæ зыдтон... Нæ мæ ’вдæлд... Æз карз уыдтæн, ни- кæмæн барстон ахæм митæ... Мæхицæн дæр нæ агурын хатыр. (Æрбадти). Е л и з б а р. Хъуыддаг бæлвырд у, кæмæ цы фæндон ис? Ч е р м е н. Фæндон хæссын —радтæм ын карз æфхæрд. Е л и з б а р. Исчи ма зæгъдзæн? Ханджери. Разы стæм Чермены фæндоныл. Е л и з б а р. Тасойæн стыр хæрзиуджытæ дæттынмæ хъа- выдыстæм. Ныр ын йæ гуымиры рæдыды тыххæй дæдтæм карз æфхæрд. Разы стут? Хъæлæстæ: "Разы стæм". Т а с о уæззаугай сыстад æмæ сæргуы- бырæй ацыд. Бюройы -уэенгтæ иуцасдæр æнæдзургæ бадынц. Ханджери. Цы ’рцыд, уый æрцыд. Тасо фæхудинаг код- та йæхи дæр æмæ райкомы дæр. Фæлæ ноджы тæссагдæр уый у, æмæ ацы хъуыддаджы Тасо иунæг кæй нæу, хицæуттæй бирæтæн уынаффæгæнæг свæййынц сæ устытæ. Фæндон хæссын, цæмæй уыцы фарстайыл æрныхас кæнæм сæрмагондæй. Дарддæр уымæн быхсæн нæй. Ч е р м е н . Хъыгагæн, мах æгæр æрæгмæ базонæм, раз- амонæг кусджытæй иуæй-иутæ рæдыд фæндагыл кæй ныллæ- ууынц, уый. Уымæн æмæ нæ бастдзинад бынæттон парторганиза- цитимæ нырма тынг лæмæгь у. Аслæнбег. Исма дзы партийы райкомтæ æмæ сæ бю- ротæ дæр. Сыстад. Рацу-бацу кæны. Ч е р м е н . Хъыгагæн, куыннæ та зæгьон "хъыгагæн", уыдонæй дæр бирæтæ сæ дзыхы дон фæдарынц, цалынмæ лæджы йæ куыстæй сисынц, уæдмæ. Иугæр æй систой — уæд 92
иууылдæр критиктæ свæййынц æмæ сæ иу бафæрсæг нæ вæййы: кæм уыдыстут раздæр? Е л и з б а р. Цæмæй афоныл бæрнон кусæгæн адæм йæ рæдыд бацамоной, сæ дзыхтыл цъуттатæ ма дарой, уый тыххæй сын хъæуы хорз уавæртæ. Зондамонæгæн, уайдзæфгæнæгæн аргь кæм нæ кæнынц, масты хай йæ кæм бакæнынц, уым бæрнон кусæг сæфты къахыл ныллæууы æмæ йын æнæ исгæ нал вæййы. Аслæнбег. Уайдзæф дзы кæмæ нал хъары, уый æхсæ- надæн зианхæссæг у æмæ ма йын лæгьстæ цæмæн фæкæнæм — бæсты бикъ, комы дæгъæл у? Бæрнон бынат ын йæ мæлæты бон- мæ лæвæрд у? Кæсын æм нал фæхъæуы: цъыкк! — æмæ фæци! Уæд иннæтæ дæр зондзысты, хи куыд дарын хъæуы, уый. Е л и з б а р . Бæрнон кусæг иу уæлахизæй иннæмæ куы фæцæуы, уæд нæ цыма йе ’нтыстдзинэвдтæй куырм бакæны — нæ йын фæуынæм йæ хъæндзинæдтæ. Афтæмæй дзы бирæтæй, мæ- нæ Тасойау, ферох вæййы, адæм хицаумæ æндæр цæстæй кæй кæсынц, фæзминаг уа æппæтæй дæр, уый сæ кæй фæфæнды... Нæ ныхасæн кæрон скæнæм. Ханджери, дæ фæндон мæ зæрдæ- мæ цæуы. Уынаффæ рахæссæм: уыцы низæй тынгдæр цы район- ты рынчын сты, уым хæстæгдæр рæстæджы арæзт æрцæуæд пар- тактивы æмбырдтæ ахæм боны фæткимæ: "Хицæуттæ æмæ сæ устытæ". Разы стут? Хъæлæстæ "Стæм". Æмбæрзæн. ÆРТЫККАГ НЫВ Т а с о й ы хæдзар. Фыццаг нывы декораци. Радиойæ дæттынц хъæлдзæг концерт. К ъ о л а бады, зарæгау кæны æмæ бийы ехс. Цасдæр рæстæджы фæстæ æнкъардæй æрбацыд Т а с о. Ницы сдзырдта К ъ о - л а м æ, афтæмæй ахуыссын кодта радио. Æнæдзургæйæ рацу-бацу кæны. К ъ о л а. Тасо, мæ хур, дыууадæс тагæй ехс бийын нæ зо- ныс? Æрбайрох мæ, фæхæццæ мын вæййы. Т а с о æнæдзургæйæ райста ехс, тагъд-тагьд абыдта, фæлæ дзы ницы рауад. Авæрдта йæ фæстæмæ К ъ о л а м æ æмæ та рацу-бацу кæны. 93
Цыдæр кæныс, лæппу, дæхи хуызæн дæр куынæуал дæ. Цы кодтам? Цы бæллæх ныл æрцыд? (Тасо ницы дзуры). Æз дæу куы фæрсын?.. Т а с о. Цы ма кæнон? Ныффидиссаг дæн æнæхъæн респуб- ликæйы... К ъ о л а. Цы загътай, цы?! Цытæ дзурыс? Хъазгæ мæ кæ- ныс æви? Т а с о. 0, мæ тæккæ хъазынмæ бахæццæ дæн... Абон об- комы бюройы æнæрадон æмбырд акодтой æмæ мæ тынг баф- хæрдтой... К ъ о л а . Цæй тыххæй уæд? Кæд ма ды нæ кусыс?! Тасо. Куысты тыххæй нæ уыд...Мæ куыстæн мын хорз аргъ скодтой... К ъ о л а. Уæдæ ма цæй тыххæй? Кæмæн цы кодтай? Т а с о. Мæхи тыххæй, мæхи аххосæй. К ъ о л а. Æргомæй дзур, мæнæй йæ сусæг ма кæн. Т а с о. Цæй, ныууадз мæ, фехъусдзынæ йæ. К ъ о л а. Нæ, зæгъ æй. Мæн искæмæй хъусæггаг ныхæстæ нæ хъæуынц. Т а с о. Дæ чындз æмæ нæ гуырды тыххæй. К ъ о л а. Уый та куыд? Бæстондæр ма йæ радзур. Куыд уыдоны тыххæй? Тасо. Дæ ныхас раст уыд... Дæ чындз æмæ нæ гуырды митæ... Бæрнон кусæгæн, райкомы секретарæн ахæм бинон- тæ!.. К ъ о л а. Æгæр уæззау маст дын скодтой. Æгæр уæззау æфхæрд дæ бакодтой хицауад. Хуыцау сын æй ма ныббарæд... Фæлæ дæхи аххос дæр у, дæхи. Хорз барæг йæ бæхы уæгьдидо- нæй никуы ауадзы... Æрмæст дæхиуыл фæхæц, дæхи ма ’руадз. Цард мæнград у — зæхмæ æрхау, æндæр дыл къахæй балæгæр- дджытæ фæуыдзæн. Т а с о. Карз æфхæрд мын зын куыннæ у, фæлæ мæ бынтон амардтой сæ уайдзæфтæй. Куыд фæзæгъынц, куыдзы къахæй мæ фæнадтой... К ъ о л а. Æмбарын дæ: дзырд кæд топпы нæмыг нæу, уæд- дæр зæрдæйы арфы нынныхсы. Уæззау ныхасæй къæдзæх дæр тайы. Уынын æй, дæ маст, дæ сагъæс дæ ныхыл фыст у. 94
Т а с о. Баба, мæ уæраг фæтасыд, мæ ныфс асаст. Куыд уыдзынæн дарддæр, нæ зонын. Мæнæн секретарæй кусæн нал ис... К ъ о л а. Хъæддых фæлæуу... Лæг хъуамæ йæ мастæн дæр æмæ йæ цинæн дæр сæ рохтыл хæцын зона. Иу лæджы зыдтон æмæ-иу æгæр куы смæсты ис, уæд-иу йæхинымæр зарын рай- дыдта. Нартæ та, дам, худгæйæ мардысты. Т а с о. Лæг мæстæй йæ хъуырмæ куы уа, уæд ма куыд за- рæн ис, нæ зонын. К ъ о л а. Цы ’рцыди, уый æрцыд, фæстæмæ йын нал ис раздахæн. Зын хъуыддаджы тагъд нæ хъæуы. Фидар лæуу дæ фæндагыл. Тасо. Цы кусдзынæн дарддæр, уый нæ зонын, бæстон мын ницы загьтой. К ъ о л а. Ног дуджы фарн хурæмдых у — æфхæрын куыд зо- ны, рæвдауын дæр афтæ зоны. Т а с о. Æппын мын куы ницы куыст радтой, уæддæр мын Захъамæ æнæ цæугæ нæй. Уым арæзтады кусдзынæн. К ъ о л а. Фæндагыл цæуын, кусын нæу худинаг, худинаг фæсвæд баззайын у, æгуыстæй бадын. Т а с о. Мæ рæдыд адæмы цæстыты уынын байдыдтон, фæ- лæ байрæджы. К ъ о л а. Дæ хъæдгом афоныл куы бабæттай, уæд дын нæ фехæлдзæн. Т а с о. 0, фæлæ мыл ныр адæм сæхи атигъ кæной... Хох- мæ бирæты нæ фæнды, ноджы ма сæ Тутийы хуызæттæ зыгьуым- мæ кæнынц, тæрсын сæ кæнынц зындзинæдтæй, цынæ сын дзу- рынц, иу ахæм нæй. К ъ о л а. Куыдз цасфæнды куы фæрæйа, уæддæр ын æнæ банцайгæ нæй. Тутийы кой та цы кæныс? Мæнгард æмæ æнамонд куы у, адæмы цур — зæд, хæдзары та — марг. Дзæгъæлдзырдæй йын бафсис нæй. Йæ ныхас дон у, афтæмæй йæ ком ныххус вæййы. Хъуыды дæр сæ ма кæн. Арт фуйæ нæ хуыссы. Т а с о. Баба, ехсæй та цы кæныс? Куынæ нæм бæх и, куы- нæ хæрæг. К ъ о л а. Захъайы мæм бæх дæр уыдзæн æмæ хæрæг дæр. Т а с о. Æмæ цы сфæнд кодтай? Дæуæн дзы цы куыст ис? Пенсиисæг дæ æмæ ам дæхицæн æнцад цæр. 95
К ъ о л а. Нæ, нырма æз Цъамелы фæзы саргьы бæхыл æр- зылдтытæ кæндзынæн. Æз дæр дзы хъуамæ ме ’ххуысы хай бакæ- нон, мæ бон цæмæй уа, уымæй. Т а с о. Уырдæм фæсивæд æрвитын хъæуы, сымах уæ рæс- тæджы хорз бакуыстат. (Телефоны дзæнгæрæг. Тасо систа хæ- тæл). Хъусын... Нæй ам... Нæ зонын... Ницы кæны... (Æрæвæрдта телефоны хæтæл). Æрбацыд М и н т æ. Фæрсæджы каст кæны Т а с о м æ. К ъ о л а. Дæ уайсадын мæ бæргæ ницæмæн хъæуы. Дзы- хæй уайсадынæй æгьдауæй уайсадын бирæ хуыздæр у. К ъ о л а ацыд. Т а с о кæсы цыдæр гæххæттытæм, ницы дзуры. М и н т æ хæстæг бауад Т а с о м æ, цинтæ йыл кæны. М и н т æ. Абондæргъы циндзинадмæ мæхи цæттæ кæнын. Рæвдз дæн алцæмæй дæр. Дзургæ ма, цы хорзæх дын радтой? Т а с о. Цы ма дæ хъæуы? Паддзахы бынат лæггадгæнджы- тимæ?! Хæрæджы цин — дæндагæй... М и н т æ. Мæ къона фехæлд! Æрра фæдæ?! Уъ\у\ цавæр дзыхæй дзурыс? Т а с о. Нæ, куырм уыдтæн, къуырма уыдтæн, ницы мæ уыр- ныдта, ницы зыдтон! М и н т æ. Цы та кодтам? Арæзтадмæ та цы не ’рбаластой? Змис? Хуыр? Змæст? Æви та кусджытæ нæ фаг кæны? Æмæ мах та цы кодтам, мах? Дæ бинонтæ уым цы аххосджын фесты?.. Ис- куы ма адæмы лæгтау дæ бинонтæм рæстмæ сдзур, худын нал зо- ныс, фæлæ... Т а с о. Худын нæ — зарын мæ хъæуы, кафын... Абон мæ сы- мах тыххæй обкомы куыйты хæринаг бакодтой! Куыннæ уон хъæл- дзæг! М и н т æ. Мæггуыры бонтæ! Æмæ дзы æз та кæцы дæн? Дурамайæг æви дурласæг? Уæдæ инженер дæр нæ дæн, араз- джыты хицау дæр нæ фæдæн. Т а с о. Цал хатты дын загьтон, куыстмæ бацу, исты куыстыл ныххæц? Цæуылнæ исты кусыс?! М и н т æ. Æмæ дын æз цал хатты загьтон: рынчын дæн, ни- зты бын фæдæн. Фæлæ ды дурзæрдæ дæ. 96
Т а с о. Цæмæн тъыссыс дæ фындз райпойы хъуыддæгты?! М и н т æ. Чи? Æз? Уæд уый зæгъæгæн йæ дзых бамыр уæд. Кæд уыцы райпойы къæсæрæй æз искуы кæсгæ дæр ба- кодтон, уæд мæ дыууæ цæсты рахауæнт, кæннод уый зæгъæг саугуырмæй фæцæуæд... Уæддæр дын обкомы цы загътой? Т а с о. Хорз мын фесты... Карз æфхæрд мын радтой. (Мин- тæ йæ сабыр кæны). М и н т æ. Æмæ йыл цы тыхсыс? Æндæр зиан ныл ма ’рцæ- уæд. Æз ныртæккæ æртæ уæлибæхы ракæндзынæн... Т а с о. Æз сæм курдиат ныффыстон, цæмæй мæ ссæрибар кæной мæ куыстæй... М и н т æ. Куыд ссæрибар кæной? Нал дæ секретарь? Карз æфхæрд дын радтой æмæ ма дæ исгæ дæр скæной? Мæнæ хæдзары сæфт куыд фестæм!.. Райс дæ курдиат фæстæмæ, курын дæ!.. Цæугæ сæм... Т а с о. Нæ-æ. Æз уыцы къæлæтджыны нал сбаддзынæн, ауындзгæ мæ куы кæниккой, уæддæр. Цы цæсгомæй ма?! М и н т æ. Ауыгьды фæуæд, ауыгъды, мах царæфтыд чи фæкодта. Ныр ма цы кæндзыстæм, ныр ма куыд цæрдзыстæм? Т а с о. Ныр мæм бæргæ бахъардта, цы кæнын мæ хъуыд, куыд кусын мæ хъуыд, уый. Цæмæй хæйрæг уыдтæн, мæ быны мын цъæх арт чындæуы. Æмæ чи?! М и н т æ. Уас, сæ быныхъæр айхъуЫсæд, цъæх арты ба- судзæнт нæ тæригьæдæй. Гуырысхо дæр дзы никæуыл кодтай æви? Ахæмтимæ кус, цæхх æмæ къæбæр хæр?! Цъаммартæ! Т а с о. Куыд цардтæн ахæмтимæ, куыннæ сæ уыдтон раз- дæр? М и н т æ. Цæй, мауал дæхи хæр. Кæд дæ бынтон нæ си- сиккой. Т а с о. А дыууæ боны райкомы пленум уыдзæн æмæ уым мæ бæсты равзардзысты æндæры. М и н т æ. Дурзæрдæтæ, дурзæрдæтæ! Ахæм лæджы бабын кæн. Æппын мацыуал ахуъыды кæн... Районы размæ ракодтай æмæ дын уый та лæварæн. Дæ бынаты æндæр искæй куы фенон, уæд мæ зæрдæ атондзæн. Т а с о. Тæрхон мын скодтай ды дæхæдæг, дæ дзых æмæ дæ фæлывд митæй. Зылынимæ цыдæриддæр фæуæй кодтай, 7 Царды хос - 97
фæбазар кодтай — иууылдæр сæм фыст сты номхыгъды онг. Мæ сусæгæй, мæ номæй цыдæриддæр фæкодтай, уыдон мæ сæрыл æртыхстысты. Дæ митæ мын мæ сæр бахордтой. М и н т æ. Уый Бæстылханы æвзаг уыдзæн. Уымæн йе ’взаг дур фехалдзæн, калмы йæ хуынкъæй раласдзæн. Йе ’взаг йæ дзы- хы бампыла, кæд æй уыдæттæй ничи фарста. Æз ыл æууæндгæ кодтон, хорздзинæдтæ йын кодтон. Мæхи аххос у, мæ сæр дур- тæй сæттинаг у. Зонгæ куы кодтон» уыцы мæнград цæстфæлда- хæджы, уæд ыл куыд æууæндыдтæн.. фæлæуу, ныр ма-иу мæм æрбауай. Т а с о. Зылыны дын фæтæрдзысты йæ куыстæй æмæ йæ, æмдзæхдон кæимæ уыд, уыдонимæ ахæстоны бакæндзысты. М и н т æ. Цытæ дзурыс? Мæ къона фехæлд! Ау, æмæ ды мæн æфхæрын бауадздзынæ? Т а с о. Æмæ æз дæ кой куынæ кодтон, ды та цæмæй тæр- сыс?! М и н т æ (кæуæгау). Фервæзын мæ кæн... Мæн аххос нæ уыд... Зылын-иу мæ сæрра кодта æмæ... Т а с о. Æмбарын дæ, тынг зын уавæры бахаудтай, базæйы куыстæй дæ дохтыры куыстмæ не ’вдæлди. Ныр та... Кæм ис нæ гуырд? М и н т æ. Уалæ мæ хомæ. Дæуæй нал уæнды нæхимæ. Т а с о. Тагьд ам куыд уа, афтæ! Азау та нын кæм ис? М и н т æ. Ныры онг сæ куыд никуы фарстай? Йæ экзамен- тæ радта æмæ йе ’мбал чызджытимæ ам иу-цалдæр боны фесты. Ныр та йæ уыдон ахуыдтой сæхимæ. Дыууæйæ дæр мæздæггаг чызджытæ сты. Къуырийы фæстæ студентты арæзтадон къорди- мæ цæуынц Астæуккаг Азимæ. Захъагомы арæзтадмæ дæр сæ тынг фæндыд. Т а с о. Чызгæн хъæуи-хъæу разил-базил кæнын не ’мбæлы. Кæдæм кастæ, цы ма куыстай, нæ гуырд сæфты къахыл куы ныл- лæууыд, уæд?.. Мæ къухæй аирвæзт мæ фырт... М и н т æ. Æмæ искуы уыд дæ къухы? Искуы йæ æрбадын кодтай дæ фарсмæ? Лæгæй-лæгмæ аныхас кодтай искуы йемæ? Т а с о. Æмæ кæй æвдæлд?.. Ныр мæ равдæлд, фæлæ бай- рæджы. Æгæр дард ацыд сæфты фæндагыл. 98
М и н т æ. Мæнмæ нал хъусы... Фæлæ ма ныр æз адæммæ цы цæсгомæй ракæсдзынæн? Куыд мæ фæхудинаг кодтай? Т а с о. Æппын дæм куыд ницы хъары, цавæр дæ? М и н т æ. Хорз маст мын скодтай, æгьгьæд мын уæд.. Æх- хæст ма йæ куы базонин, цы куыстыл хæст уыдзынæ? Т а с о. Захъамæ цæуын. Цыфæнды куыстыл дæр дзы разы дæн. М и н т æ. Райкомы секретары бынатæй дæхи фæхауæггаг кæн. Бæхæй рахиз æмæ хæрæгыл сбад. Т а с о. Цæуæм хохмæ иууылдæр, æнæхъæн бинонтæй. М и н т æ. Цытæ дзурыс? Сонт фæдæ? Чи цæуы хохмæ? Т а с о. Мах, нæ бинонтæ иууылдæр. М и н т æ. Дæуæн та цы уæлдай у? Ды афтæ дæр уым куы бацардтæ — цу, кæд дын æнæ цæргæ нæй, уæд. Мах никуыдæм лидзинаг стæм. Т а с о (фидарæй). Æз та афтæ загътон æмæ цæуæм иууыл- дæр! М и н т æ. Амар мæ, аргæвд мæ, уæддæр никуыдæм ацæ- удзынæн. Мæ чызг ахуыр кæны, фырт институтмæ йæхи цæттæ кæны. Исчи дæр ма афтæмæй цæуыны кой фæкæны? Т а с о. Ахицæн мæ ныхас! Дзурын ыл нал хъæуы. Чызг цæр- дзæн æмдзæрæны, лæппу ахуырыл лæуд нæу. М и н т æ. Хохмæ лидзыны бæсты мæхи æрбамардзынæн. Нал мæ хъæуы ахæм фидиссаджы цард. Ды ма мæ хъугдуцæг дæр саразис. Т а с о. Хъугдуцæг нæ, фæлæ дуцæн машинæйы оператор. Ныр хъугдуцæг нал хуыйны, фæлæ оператор. Кæд сарæхсай, уæд. М и н т æ. Цы, дам, цы?! Хъугдуцæгæй?! Т а с о. 0, оператор! М и н т æ. Æз хынджылæггаг нæ дæн. Æз дохтыр дæн, до- хтыр дæн, дохтыр... Æз мæ сæрмæ уыдæттæ не ’рхæсдзынæн. Кæд дæ мемæ цæрын нал фæнды, уæд æй æргом зæгъ. Хицæ- ныл дæр разы дæн, алцæуыл дæр разы дæн, уæддæр дын хох- мæ ницы хуызы, никуы сразы уыдзынæн. Цу, æмæ дзы цæр, кæ- имæ дæ фæнды, уыдонимæ, æз дыл нæ хæцын! Æмбæрзæн. 99
ДЫККАГ АРХАЙД ЦЫППÆРÆМ НЫВ Захъагом. Цъамелы фæз. Колхозы правленийы кæрт. Правленийы агь- уыстмæ ныллæг асинтæ, дуар. Адæм гыццылгай æмбырд кæнынц. 1 - а г к о л х о з о н. Цы хабар у, цæмæ нæ æмбырд кæ- ны Тасо? 2 - а,г к о л х о з о н. Ног сæрдар у æмæ йæм ног хабæр- ттæ бирæ вæййы. Куы æрбацæуа, уæд сæ зæгьдзæн йæхæдæг. 3-аг колхозон. Нæ, Тасойæн ног кусæг схонæн нæй. Ацы стыр арæзтад йæхи хъуыды у, йæхæдæг æй куы райдыдта, йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ Тасо ам куы вæййы. X а с а н. Никуы мæ бауырныдтаид, Тасо цæвæгыл хæцын зо- ны, уый. Фæлæ знон мæ цæстытыл не ’ууæндыдтæн, ахæм æхсыз- гон дис кодтон: хосдзаутимæ æрлæууыд æмæ афтæ дæсны карста æнцонæй, хъæлдзæг ныхасæй иннæты разæнгард кæнгæйæ, æмæ йыл иууылдæр сæ цæст æрæвæрдтой. Т о т ы р. Уæдæ махмæ дæр раздарæн бакодта, дыстæ ба- тылдта æмæ бон-изæрмæ дурамайджытимæ фæкуыста, амадта къултæ, хаста чъырызмæст. Кусджытæ йын хъазгæйæ разряд рад- той. 1-аг колхозон. Диссаджы лæг у Тасо. Алы куыст дæр цалынмæ йæхæдæг хорз нæ базоны, уæдмæ йæ нæ ныуу- адзы. Стæй ма йæ уæд бафæлвар асайын. Æххæсгæ та сыл куыд кæны, æххæсгæ? Т о т ы р. Æз куыстыл ахæм иузæрдион лæг никуы федтон. Ам цыдæриддæр арæзт цæуы, уыдонæй йæ къух цæуыл нæ ан- дзæвд, ахæм дзы нæй. Æрбацыд Т у т и. Т у т и. Уæ бон хорз. Т о т ы р. Æгас цу, Тути. Цалынмæ адæм æмбырд кæной, уæдмæ уал нын исты хабæрттæ радзур. Т у т и. Мæнмæ ницы хабар ис. Т о т ы р. Куыд сты дæ фос? Уый ницы хабар хоныс? Т у т и. Фос иуæй-иу адæймагæй зондджындæр сты. 100
Т о т ы р. Æз дæ æцæг фæрсын. Хъугдуцджытæй ерысы чи фæразæй? Т у т и. Уымæй-иу Тасойы бафæрс. Æгæр сæ уæлæмæ сис- та. Цыма æппæт Уæрæсейы нæ хъугдуцджытæ дарынц, ахæм цæ- стæй сæм кæсы. Т о т ы р. Тасо тынг фæрæдыд, дæу фермæйы хицау кæй скодта, уымæй. Æргом йæ ныхмæ куы цæуыс, уæд дыл цæмæн баууæндыд? Фосы куыст, дам, хорз зоны. Дæуæн та де’взаг нæ бæззы, адæмы зыгьуыммæ зондыл ардауыс. Дæ пайдайæ дæ зи- ан фылдæр у. Т у т и. Дæумæ нæ хауынц уыцы фарстатæ. Дæхицæн зон. Т о т ы р. Адæмы афтæ куы ардауыс: хохмæ ма сразы ут, сайгæ уæ кæны Тасо, фыдбылызы бынатмæ, сæрсæфæнмæ уæ сайы, уæд дæхæдæг цæмæн сразы дæ, ам цы агурыс? Т у т и. Уый мæхи хъуыддаг у, дæ бинонты уынаффæ нæу. Мæнæ ды дæр абон уа-райсом, уæддæр дæ рацыдыл фæсмон фæкæндзынæ. Стæй канд ды нæ — иууылдæр. X а с а н. Тути, алкæй тыххæй дзуапп цæмæн дæттыс? Адæм сæхæдæг зонынц хорз цы у æмæ æвзæр цы у, уый. Хорз- дзинады тыххæй зындзинадæй чи тæрсы, уый хорздзинады аккаг нæу æмæ, уадз, кæдæм фæнды лидзæм. Т о т ы р. Къуымых дæ, Тути, къуымых, гуымыдза, æндæр фæсмон ды хъуамæ фæкæнис дæ цардхалæн ныхæстыл. Ау, куырм бадæ, нæ уыныс, ам цы диссæгтæ цæуы, уый? Æрбацыд К ъ о л а, ехс йæ къухы. Къола. Фарн уæ ныхасы, фæсивæд. (Бадгæ чи кодта, уыдон ын сыстадысты). Ды дæр ам куы дæ, Тути. Дæ фыдимæ, дам, æвзæр хылтæ фестут? Цы кодтат, цы уыл æрцыд? Ардæм æй фæндыд ралидзын æмæ йæ уый тыххæй цæуыл марыс? Т у т и. Къола, зæронд лæг дæ æмæ дæхи бинонты кой кæн, мæ бинонтæм дæ ницы хъуыддаг ис. К ъ о л а. Хорз, хорз. Фæлæ дын иу зонд амонын: дæ фыды цы лæдзæгæй надтай, уый бавæр, ма йæ фесаф, дæ фыртты бахъæудзæн. X а с а н. Къола, хистæр æмбал дын кæй нæй ам, ууыл æвæццæгæн, тыхсыс? 101
К ъ о л а. Æнкъард вæййы, лæгæн йе ’мдæндаг адæм куы нæ уа, уæд. Фæлæ мæ æнкъардмæ дæр не ’вдæлы. Садзын æмæ зилын дидинджытæм. Диссаг, стыр диссаг у дидинджыты цард. Цынæхуызон ахорæнтæ сæм ис, цынæхуызон будтæф кæнынц. Иутæ дзы райхæлынц сæууон хуры скастимæ. Хур се ’вгъæдгæс, хур сæ удлæууæн. Æнæ хурæй йæ будтæф нæ дæтты, йæ хуыз не ’вдисы. Афтæ у адæймаджы хъысмæт дæр. Цалынмæ йæм хур æрбакæсы, ома, цалынмæ йæ царды фæндаг не ссары, цалынмæ аккаг цардæмбал не ссары, уæдмæ æххæст нæ раргом вæййы йæ удыхъæд, йæ лæгдзинад. Адæймагæн йæ хур адæймаг у. Æнæ кæрæдзи нæй цæрæн. X а с а н. Къола, тæссæртты цæвæгимæ нал сарæх- сис? К ъ о л а. Кæд уæ ме ’ххуыс хъæуы, уæд ма бафæлвардзы- нæн. Йæ рæстæджы мæ разæй лæууынмæ йæ ныфс бирæ нæ ха- ста. Сымахæй бирæтæ хохаг уыгæрдæнтæ хæмпæлгæрдæджы карст кæнынц æмæ уый раст нæу. X а с а н. Сахуыр уыдзысты, нырма æрыгон фæсивæд сты. Ды дæр уыдоны карæнæй афтæ хорз кæцæй карстаис? К ъ о л а. Уымæй мæнг зæгъыс, уыдоны карæнæй æз хæдзардарæг уыдтæн. Гыццылæй мæнæн дæр мæ цаевæг мæ коммæ нæ каст... Афæрсынмæ дæ фæхъавын, Хасан. X а с а н. Дæ хорзæхæй, Къола, хъусын дæм. К ъ о л а. Уыйас хос æркæрдгæ никуы федтон. Нæ колхозы фосæн уыйбæрц бахъæудзæн? X а с а н. Махмæ хъуамæ холлæгтæ уа дыууæ-æртæ азы фаг. Нæхи куынæ хъæуа, уæдцæр ма холлæгтæ фаг чи не ’рцæт- тæ кæна, уыдонæн æххуыс кæндзыстæм. Стæй колхозонтæн сæ- хи фос дæр хъуамæ холлаг цух ма уой. Ноджы ма холлагцæттæ- гæнæн комбинат куы скуса, уæд нæм кæрдæджы ссад зæгъай æмæ цынæхуызон холлæгтæ уыдзæн. К ъ о л а. Æмæ ма уæд фидæны кæрдæг та цы фæуыдзæн? Нал æй кæрдцзыстут? X а с а н. Кæрдгæ æнæмæнг. Хæмпæлгæрдæг дæр нал ны- ууадздзыстæм, уыгæрдæнтæ нын куынæ фаг кæны. /Ербацыд Т а с о. 102
Т а с о. Нæ Культурæйы галуан арæзт нæма у, фæлæ ам сыгъдæг уæлдæфмæ æрныхас кæндзыстæм дыууæ фарстайыл. Фыццаг — нæ колхозыл ном сæвæрын: дыккаг — нæ дарддæры куысты фæдыл. Куыд зонут, афтæмæй нæ фыццаг иумæйаг æм- бырды махæн хæсгонд æрцыд нæ колхозæн ном æрхъуыды кæ- нын. Уæд ыл цы ном æвæрдтам, уый никæй зæрдæмæ фæцыд. Ныр ахъуыды кодтаиккат æмæ зæгъут уæ фæндон. 1-аг колхозон. Схонæм æй "Фидар бындур". 2-аг колхозон. Ног арæзтад у, æрыгон фæисвæд дзы кусы. Хуыздæр у "Ног фæлтæр". 3-аг колхозон. Уыдонæй хуыздæр у "Амонды фæн- даг". Т о т ы р. Фидæны бындур æвæрæм æмæ йæ афтæ схонæм "Фидæны бындур". X а с а н. Мæнæн мæ зæрдæмæ тынгдæр цæуы ном "Рухс фидæн". Нæ куыст, нæ арæзтад дæр рухс фидæныл сты. Хъуысгæ дæр хорз кæны "Рухс фидæн". Хуыздæр ма цы уа рухс фидæнæй? Т а с о. Æмæ дзы кæцы ном равзарæм? Фылдæр хъæлæстæ: "Рухс фидæн". Куыд кæсын, афтæмæй уæ зæрдæмæ тынгдæр фæцыд ном "Рухс фидæн". Кæд афтæ у, уæд хъæлæс скæнæм: разы чи у уыцы номыл, уый йæ къух сдарæд. Иууылдæр схъæлæс кодтой. Уæдæ абонæй фæстæмæ нæ колхозы ном уыдзæн "Рухс фидæн". К ъ о л а. Амондджын ном æй дунейы фарн фæкæнæд. 1-аг колхозон. Мæнмæ ма иу фæндон ис. Т а с о. Зæгъ æй, хъусæм дæм. 1-аг колхозон. Зæронд хæдзæрттæ иууылдæр нык- калдысты. Ницыуал дзы ис зæронд хъæуæй. Фæндон хæссын — нæ хъæуыл дæр ном ногæй сæвæрæм. Т о т ы р. Æз разы нæ дæн. Ам нæ фыдæлты уæзæг, нæ фыдæлты мæсгуытæ... Уыдонæн куыд ис рохгæнæн. Æнусты дæр- гъы сыл цы ном ныффидар, уымæн æппарæн нæй. Мæнмæ та æн- дæр фæндон ис: зæронд хъæу куыддæриддæр уыд, афтæ йæ са- разæм хæдзарæй, мæсыгæй, мусæй, скъæтæй, бруйы онг, аргъуан дæр. 103
1-аг колхозон. Дзæгъæлы хæрдзтæ, цæргæ та сæ чи кæндзæн? Цæмæн хъæуынц? Т о т ы р. Уыдон нæ историйы цыртдзæвæнтæ сты æмæ мах аххосæй æдзæллагмæ æрцыдысты. Зæронд хъæу уыдзæн æнæхъæн музей. Мæнмæ гæсгæ, Захъа фыдæлтыккон ном у æмæ йæ ивын ницæмæн хъæуы. Т а с о. Чи ма уæ куыд хъуыды кæны? X а с а н. Раст зæгъы Тотыр. Кæд ам бирæ ногдзинæдтæ арæзт æрцыд, уæддæр йæ бынатæн ис ном æмæ йæ ивын нæ хъæуы. Адæм æй иууылдæр Захъайæ зонынц æмæ йыл æндæр ном куы сæвæрæм, уæд нæ кæм агурдзысты? Т а с о. Мæнмæ дæр афтæ кæсы: нæ йæ хъæуы ивын. Захъа ирон адæмы историимæ фидар баст у, уымæн рохгæнæн нæй. Захъа та ногæй йæ фидæнмæ фæцæуы. Хъæлæстæ: "Тынг раст у, нæ йæ хъæуы ивын." Ног арæзтад куы фæуæм, уæд Тотыры фæндон дæр кæд къухы бафтид сæххæст кæнын. К ъ о л а. Тотыр, дæ рынтæ бахæрон, лæджы ныхас та загъ- тай. Уадз æмæ нæм уа зæронд хъæу дæр, уый ницы бахъыгдар- дзæн ног хъæуы. Цæрдзысты, хистæртæ кæстæртимæ куыд фæ- цæрынц, афтæ, хæларæй, уарзонæй. Т а с о. Ныр та нæ куысты тыххæй. Хæдзæртты арæзтад æгæр сындæг цæуы. Тотыр, уый дæу аххос у. Цы дын нæ фаг кæ- ны? Кусæг тых? Т о т ы р. Ме ’фсымæртæй, мæ хæстæджытæй, мæ зонгæ- тæй арæзтады куыстмæ чи арæхсы, уыдон быдырæй æрбакæн- дзынæн. Дзырдтой мын, фæнды сæ ардæм. Нæ куыст бирæ фæ- рæвдздæр уыдзæн. 2-аг колхозон. Æз мæхи хардзæй иу уынджы рухс ауадздзынæн. Иу-цалдæр раны дзы цырæгьтæ сауындздзынæн. 3-аг колхозон. Æзта Къодийы доны сæрты хид са- раздзынæн. Т о т ы р. Иу уынджы хорз фæндаг саразын мæхимæ исын, уæ зæрдæмæ фæцæудзæн. X а с а н. Нæ бригадмæ уæлæмхасæн мызд цæуы цалдæр мин сомы. Бауынаффæ кодтам: уыдон иууылдæр лæвар кæнæм, нæ рæзгæ колхозы цæмæн хъæуой, уымæн. 104
К ъ о л а. Æз та сцалцæг кæндзынæн, дæлæ къæдзæхрæ- бынæй цы æрдхæрæны суар цæуы, уый. Мæхи хардзæй йын гыц- цыл рæсугъд агъуыст дæр сараздзынæн. Бадæн, улæфæн бынат дзы куыд уа, дон æм куыд никуыцæй хъара. Лæг дзы нуазынæй не ’фсæды. Æвдадзы хос у, æвдадзы хос. Æрбазгъордта иу лæппу хъæргæнгæ. Л æ п п у. Фæдис! Фæдис! Гаси æд трактор къулæй ратылд æмæ фæмард! Адæм фæфæдис сты. Иуцасдæры фæстæ иугай-дыгай здæхын байдыдтой фæстæмæ. Т у т и. Тасо, адон дæ бæллæхтæ стыШæг дæу аххосæй фæмард! Адæмы сæрсæфæнмæ æрбасайдтай! Дæ фыдбылызтæ сафынц адæмы. Уый тыххæй дæ дзуапп дæттын бахъæудзæн су- ды раз. Ам цæрæн куы уаид, уæд дзы нæ фыдæлтæ нæ фæлыгь- даиккой. Цомут, хорз адæм, ардыгæй, цалынмæ ма удыгас стæм, уæдмæ. Барвæндонæй къултæ ’мæ къæдзæхтыл цæрæн куыд ис, цæмæн марæм нæхи? Адæм ныхъхъус сты. Т о т ы р. Тути, дæхицæй адæмы сæрхъуызой цы сарæз- тай?! Нæ мастыл нын цæхх ма кæн. Горæтмæ йæ аластой, Уæз- зау цæфтæ у... Йæхи не ’мбары... X а с а н. Хæхбæсты расыг лæгæн фистæгæй цæуын тæссаг куы у, уæд уый тракторыл куыд сбадтис? Куыд ничи йæ баурæд- та? К ъ о л а. Кæмдæрты, дам, ацы нуæзты хабар фыдракæн- дыл нымад куы у, чи баназы арахъ, уымæн суд куы кæнынц, уæд расыггæнджытæм мах куыдфæндыйы цæстæй цæмæн кæсæм? Нæ цæстыты раз лæг нозтæй фесæфы æмæ йын йæ ных ничи бакъуыры. Т а с о тарстхуызæй рацу-бацу кæны. Т а с о (уæззаугай). Тути раст зæгьы. (Адæм фегуыппæг сты, кæрæдзимæ бакастысты æмæ фæрсæджы каст бакодтой Та- сомæ). Раст зæгъы Тути... Рохуаты фæуагътам хъомыладон 105
куыст... Мах хъомыладон куыст æнтыстджынæй куы кодтаиккам, алы адæймагимæ дæр хъæугæ ныхас куы кодтаиккам, уæд ацы фыдбылыз не ’рцыдаид. Иу расыггæнагæн дæр ам бынат нæй! Нæй не ’хсæн бынат магусатæн, лодыртæн, æгьдаухалджытæн, куыстæй куыстмæ чи тæхы, уыдонæн! X а с а н. Тасо, бахатыр кæн, кæд дæ ныхас нæма фæдæ. Дæ уайдзæф раст у. Хъомыладон куыст нæм фаг нæй. Фæлæ Ту- тийы раст куыд хонæм. Тути у фыдгæнæг, змæнтæг... Æмæ хахх кæнæд ардыгæй, кæд æм хуыздæр зонд не ’рцæудзæн, уæд. Т о т ы р. Хасан, цæнгæт сæрмæ сыгьзæрин хъуыдытæм ма ’нхъæлмæ кæс. Йе ’взаг йæхи бар нæу, йæ зонды разæй фæ- вæййы æмæ маст æрхæссы. X а с а н. Нæ трактортæ, нæ машинæтæ хæххон уавæрты кусынæн нæ бæззынц: сты нарæг æмæ бæрзонд. Уайтагьд фæ- фæлдæхынц. Хæхбæсты нарæг дзоныгъ, нарæг уæрдон куы никуы дардтой. Ракурæм, нæ уавæрты чи бæззы, ахæм техникæ. Т а с о. Зонут æй уæхæдæг — нæ куыст æвзæр нæ цæуы. Хорзырдæм ыл фæзынд, лыстæг фос дуцын кæй райдыдтам æмæ уыцы æхсырæй цыхт кæй ахсæм, уый дæр. Чи уыд ’нхъæл, æмæ искуы Хосты коммæ уæрæх фæндагыл машинæтæ ссæудзысты, Ильичы цырагъ дзы бæстæ ныррухс кæндзæн. Ныр мингай гектар- тæ сæ хъæздыгдзинад адæмæн æнæвгъау, æнцонæй дæттынц. X а с а н. Уæрæх коммæ дæр ахæм фæндаг куы скæнæм, уæд нæ фосы нымæц нæ бон у дыууæ хатты фæфылдæр кæнын. Т а с о. Уый дæр арæзт æрцæудзæн. Фæлæ нæ уавæртæй, нæ фадæттæй абон æххæстæй нæма пайда кæнæм. К ъ о л а. Æз ам, Захъайы, райгуырдтæн. Зын уавæрты, фæлæ æвзæр нæ цардыстæм. Ныр базæронд дæн, уæдцæр æй не ’мбарын, цæмæ нæ фæхауæггаг кодтой нæ цæрæн бынæттæй, нæ уарзон хæхбæстæй æмæ нæ быдырмæ цæмæн фæдæле код- той? Т а с о. Уæд паддзахадæн йæ бон нæма уыд хæхбæстæм фæндæгтæ аразын, уæлдайдæр та скъолатæ, клубтæ æмæ æн- дæр ахæмтæ. Адæмæн та талынгæй, æнахуырæй уадзæн нæ уыд. Т о т ы р. Тыхсгæ ма кæн, Къола, мах Захъайы ахæм арæзт скæндзыстæм æмæ нæм суанг фæсарæнтæй. дæр уынæг куыд цæуой. 106
К ъ о л а. Мæ зæрдæмæ ма тынг фæцыд, Тотыр, алы хæдзары цур дæр цæхæрадон æмæ скъæт кæй скодтат, уый. Дæ цары, сæ сой бынмæ кæмæн тæдза, ахæм цæхджын фыдтæ ауыгьд куы уа, уæд ды цæй хохаг лæг дæ? Дæ хæндгуыты цалдæр боцкъайы дзаг цыхтытæ куынæ уа, дæ къæбицы ссад, царв æмæ æндæр хорздзинæдтæй йедзаг куынæ уа, уæд бæлццон, уазæгæн цæй фысым дæ? Т а с о. Тагъд рæстæджы кадджын уавæры бæрæг кæндзы- стæм нæ колхозы, нæ хъæуы гуырæн бон — стыр бæрæгбон. Уыцы бонмæ хъуамæ алчи дæр бацæттæ кæна фæллойадон лæвæрттæ. Ныр та — кусынмæ. Æмбæрзæн. ФÆНДЗÆМ НЫВ Т а с о й ы кабинет. Т а с о цыдæртæ фыссы. X а с а н бады стъолмæ ныхмæвæрд гыццыл стъолы фарсмæ. Уымæн дæр йæ разы гæххæт- тытæ. /Ербацыд 3 ы л ы н. 3 ы л ы н. Дæ бон хорз, Тасо. Бар мын ис мидæмæ бацæ- уынæн? Т а с о. Æгас цу. (Зылын Тасо æмæ Хасаны къухтæ исы). Æнæ хабар нæ уыдзынæ? 3 ы л ы н. Адæм сæхи ардæм сарæзтой æмæ, æз дæр адæ- мы куы бафæзмин. X а с а н. Æмæ ам дæу аккаг куыст кæм ис? Дæ райпо та кæмæн уадзыс? 3 ы л ы н. Мæ райпо нал у. Систой мæ карз æфхæрдимæ. Т а с о. Æмæ дæ ахæстоны цæуыннæ бакодтой? 3 ы л ы н. Æз дæм, Тасо, æххуысмæ æрбацыдтæн, ды та... Баххуыс мын кæн, Тасо. Дæ хорздзинад дын никуы ферох кæндзы- нæн. X а с а н. Цавæр æххуыс дæ хъæуы? 3 ы л ы н. Хасан, дæу нæ фæрсын æмæ дæ дзыхыл хæц! Т а с о. Зæгъ æй, зæгъ, цы æххуыс агурыс? 3 ы л ы н. Ам уæм дукани гом кæны æмæ мæ уый хицауæй айсын кæн. 107
Т а с о. Куыд? Бирæгьы мæрдгæс? (Фестад æмæ йындуар- мæ ацамыдта). Тагьд цæугæ ардыгæй, мæ цæст дæр дæ куыд нал фена, афтæ. 3 ы л ы н. Омæ уæдæ цы фæуон? Хæстæджытæ нал стæм æви? Никуы мæ уадзынц куыстмæ, æз та базарады куысты лæг дæн, æндæр ницæмæ арæхсын. X а с а н. Мæ бригадмæ рацу, кæнæ Тотыры бригадмæ. Кæ- нæ хъугдуцæг, кæнæ хъомгæсæй. Мах дæ сахуыр кæндзыстæм кусын. 3 ы л ы н. Цытæ дзурыс, æрра фæдæ? Æз чи дæн, уый зо- ныс? Æви дæ ферох, æз райпойы сæрдар... Т а с о. Цæугæ, дæ кой, дæ хъæр дæр ам куыд нал уа, афтæ. 3 ы л ы н. Хорз нæ кæныс, Тасо. Æз дын æнæпайда нæ уыдзынæн, баххуыс мын кæн. Т а с о. Фесæф ардыгæй! X а с а н бауад 3 ы л ы н м æ, йе ’фцæгготыл ын фæхæцыд æмæ йæ дуарæй расхуыста. Ахæм ма дзы æдзæсгом, цъаммар адæймаг уа? X а с а н. Æз æй æрцахуыр кæнин, бæргæ, мæ бригадмæ куы ’рбахауид, уæд ын лæппутæ йæ хъуын ацæгъдиккой, йæ сæ- ры магъз ын расыгъдæг кæниккой æмæ дзы лæг рауаид. Æрбацыдысты Т о т ы р æмæ Т у т и. Т о т ы р. Цы кодта уыцы лæг? Сæрбихъуырæйттæгæнгæ куы фæтæхы. Т а с о. Лæджы ном æгадгæнæг. Йæ ныфс куыд æрбахаста, куыд бауæндыд? Иу хатт мæ фегад кодта æмæ йæм уый æгъгъæд нæ кæсы. Цъæх хæрæгау ту нæ сæрфы йæ цæсгомæй. X а с а н. Æгæр-ыл ма маст кæн, уый аккаг нæу. Ацы ком- бæсты йæ къах дæр никуыуал авæрдзæн. (Тотыр æмæ Тутимæ). Номхыгъдтæ æрбахастат? Т у т и. Æркæсут сæм. (Дæтты йæм гæххæтт). X а с а н. Тотыр, ды та кæй хæссыс Кады фæйнæгмæ? Т о т ы р. Мæнæ сæ номхыгьд (Дæтты йæм гæххæтт). X а с а н. (кæсы номхыгьдтæм æмæ сæ дæтты Тасомæ). Хорз сты, разы дæн. 108
Т а с о (кæсы номхыгьдтæм. Тотырæн). Аразæн æрмæг уын чи ласы, уыцы шофыртæй дæр дзы искæй бафтау. Т о т ы р. Хорз. Ис дзы тынг æвзыгьд лæппутæ. Т а с о. Бирæ кусын нæ бахъæудзæн, цæмæй нæ колхоз районы.стæй республикæйы Кады фæйнæгмæ бахауа, ууыл. Т у т и. Цы нæм ис, уыдон падцзахады хардзæй. Афтæмæй кадджын лæг суæвынæн цы хъæуы. Фæлæ ма колхозæн йæхи фæллойы фæрцы скадцжын кæн дæхи, нæ колхозы. Уый зын у, уым ахæцын хъæуы. Паддзахадæй дуне хæстæ фæистам, фидгæ та сæ чи кæндзæн? Т а с о. Цал æмæ цал хатты дзырдтон æз нæ пъланты тых- хæй? Нæма дæм бахъардтой? Тути. Искæй фæндтæ, искæй хъуыдытæ зын æххæстгæ- нæн сты, сæры нæ лæууынц. X а с а н. Æмæ сæ дæхи бакæн. Сфыц сæ дæ сæры магь- зы, дæ зæрдæмæ сæ айс. Дæ туджы куы ахъарой, уæд сыл ды- зæрдыг нал кæндзынæ. Т а с о. Куыд дæм кæсы, Тути, ног технологимæ гæсгæ хол- лæгтæ къаддæр хардз кæнæм æви фылдæр? Т у т и. Бирæ къаддæр. Т а с о. Æхсыры хиаргъ та? Нæ йæ нымайыс? Т у т и. Уый дæр бирæ фæкъаддæр. Бæлвырддæр сæ рай- сом бахынцдзынæн. Т а с о. Уæдæ Хасаны нымадмæ гæсгæ дзидзайы хиаргь дæр фæкъаддæр. Æппæт уыцы æфтиæгтæй, уыцы пайдатæй мах нæ хæстæ цыбыр рæстæгмæ ахицæн кæндзыстæм. Тути, æмæ нæ колхоз миллионер колхозты æмрæнхъ æрлæудзæн тагьд рæс- тæджы. X а с а н. Ууыл дызæрдыггæнæн нæй. Т у т и. Дзургæ бæргæ хорз кæнут, фæлæ фендзыстæм... Æрбацыди Е л и з б а р. Иууылдæр сыстадысты æмæ йæ размæ рахызтысты. Е л и з б а р сын салам радта, исы сын сæ къухтæ. Т а с о. Алыбон æгас цу, Елизбар. Куыд ницы нæм фæхабар кодтай раздæр? Дæ размæ уæддæр ахызтаиккам. Е л и з б а р. Хорз у, æмæ уæ иумæ æрбаййæфтон. Иунæг нæ дæн. Мемæ ма ис разамонæг кусджытæ республикæйæ. Зон- 109
гæ кæнынц уæ хъæу, уæ колхозимæ. Колхозонтæн сæ куыст, се ’нтыстдзинæдтæ, сæ домæнтимæ. X а с а н. Æмæ уал ардæм куыннæ ’рбауадысты, мах сæ акодтаиккам. Е л и з б а р. Ницы кæны. Ды, Хасан, дæхимæ фæдзур бю- ройы уæнгтæм, уæ бæрнон кусджытæм фæссихормæ. Аныхас нæ хъæуы ахсджиаг фарстатыл. Иннæ колхозонтимæ фембæлдзынæн фæстæдæр. Хасан,Тотыр æмæ Т у т и ацыдысты. Стыр стъолмæ ных- мæвæрд стъолы фæйнæ фарс æрбадтысты Е л и з б а р æмæ Т а с о. Е л и з б а р стъолæй райста егьау сырхцъар журнал æмæ йын кæсы йæ сыгьзæринхуыз дамгьæтæй фыст ном: "Колхоз "Рухс фидæн"-ы хойраджы программæ". Е л и з б а р. Уæ хойраджы программæйы дарæс хорз скодтат, рæсугъд, аив... Омæ æз хорз дарæсы ныхмæ нæ дæн... Т а с о. Канд дарæс нæ, уым цыдæриддæр фыст ис, уыдонæй райдайæм нæ куыст æмæ йæ æрвылбон дæр фæвæййæм уыдоныл. Тыхконд пълантæ дзы нæй: æнæмæнг кæй сæххæст кæндзыстæм, ахæм хæстæ райстам нæхимæ. Е л и з б а р (журнал рафæлдæхтытæ кодта). Уый хорз. Æууæндын уыл. Зæгъ ма мын, куыд цæуы уæ куыст, Тасо? Куыд цæрынц адæм? Куыд у сæ зæрдæйы уаг, сæ зондахаст? Цæмæй не сты разы? Цы сын нæ фаг кæны? Уæ пълантæ, уæ уынаффæ- тæ. Т а с о. Уыйбæрц фарстатæн цыбырæй зын у дзуапп рат- тын, фæлæ мæ бон у зæгъын: адæм тынг разы сты сæ куыстæй, сæ цардæй, кæд нырма зындзинæдтæ æййафынц, уæддæр. Хæдзæрттæ федтай, цас сарæзтам, уый. Фосдарæн комплекс арæзт фæци. Тынг хорз рауад. Райсом кусын райдайдзæн хол- лагцæттæгæнæн цех. Цех нæу, фæлæ æнæхъæн завод. Æхсыр æмæ дзидзайæ нæ пълантæ сæххæст кæндзыстæм уæлдай- джынтæй... Е л и з б а р. Цы ма уæм ис ногæй? Т а с о. Хуссæртты былгæндтæ, къардиутæ кæнæм æмæ дзы дыргъбæлæстæ садзæм. Е л и з б а р. Æмæ ам дыргъ сцæттæ уыдзæн? Уазал сæ не ’рыййафдзæн? 110
Т а с о. Фылдæр садзæм сæрдыгæттæ, тагьд чи цæттæ кæ- ны, ахæм мыггаг. Дæхæдæг зоныс, Уыналы дыргъгæ æппæт бæ- стыл, суанг ма фæсарæнты дæр зындгонд куы сты, зарджытæ сыл куы скодтой. Мах дæр сæ хъуамæ баййæфæм. Е л и з б а р. Бæргæ, афтæ куы уаид, фæлæ ныртæккæ раппæлинаг не сты. Цæмæй тынгдæр тыхсут? Цы æххуыс уæ хъæуы куыст фæрæвдздæр кæнынæн? Т а с о. Уыйас тыхст ницæуыл стæм, фæлæ нæ лыстæг хъуыддæгтæ фæкъуылымпы кæнынц. Исты хос скæнут æбæрнон- дзинадæн: министрадты, организациты — кæдæм бацæуай — ни- чи дын сараздзæн хæрз хуымæтæджы хъуыддаг дæр. Кæрæдзи- мæ дæ рарвит-барвит кæндзысты, сæ хицау уым куы уа, уæд. Сæ- химæ дзы ничи ницы хæс исы æмæ дзуапп ницæуыл дæттынц. Сæ мызд цæуы уæддæр. Е л и з б а р. Раст зæгьыс. Разамонæг кусджыты нымæц ныр фæкъаддæр. Уæхимæ стыр хæстæ райстат. Уæ дзырд нæ фæсайдзыстут? Т а с о. Кæд нæ районы хицауад нæ хъыгдара, уæд уæлдай- джынтæй æххæст кæндзыстæм алы мæйы, алы азы пълантæ дæр. Е л и з б а р. Ома куыд хъыгдара, зæгьыс? Т а с о. Елизбар, кæд мæ ардæм рарвыстат, колхозонтæ мæ сæрдарæй равзæрстой, уæд фыццагдæр æз дæттын партийы, адæмы раз дзуапп пъланты тыххæй дæр æмæ алы бинонты цар- ды, алы колхозоны тыххæй дæр. Е л и з б а р. Уый раст у. Т а с о. Уæдæ мæ мæ хъуырмæ цæмæ скæнынц: афтæ ба- кус, афтæ сараз, ныр та уый сараз, ныр та иннæ сараз? Бынæт- тон уавæртæ, кæд æмæ кæм цы кусын хъæуы, уый мах хуыздæр куы уынæм. Зонын æй, райком куы зæгъа, уæд æй æххæст кæнын хъæуы, фæлæ зиан чи у, ахæм разамынд куы дæттой, уæд та? Маргьæн йæ базыртæ куы бабæттай æмæ йæ уый фæстæ тæхын куы кæнай, уæд уымæй цы рауайдзæн? Загьтой мын, район йæ пълан не ’ххæст кæны æмæ дыууæ пъланы радт. Æмæ ма фидæн аз та нæ пълантæ цæмæй æххæст кæндзыстæм, уæныгæй, ды- гæрдыгæй сæ иууылдæр ацы аз куы ныццæгьдæм, уæд? Е л и з б а р. Уый æнæпълан куысты нысан у. Сæ куысты нæй системæ, атъæпп-ахæц кæнынц. 111
Т а с о. Нырма бирæ сты, хæдзарады рæзтыл фæстæмæ чи хæцы, уыцы хъуагдзинæдтæ, цæлхдуртæ. Е л и з б а р. Иуæй-иутæ тынг дæсны сты хорз хъуыдытæ, хорз фæндтæ рæсугьд зæгьынмæ, фæлæ рæсугьд ныхæстæй рæ- сугъд хъуыддæгтæм рахизын сæ фæсонæрхæджы дæр нæ вæййы. Уый дæу тыххæй нæ зæгъын, дæумæ ахæм уайдзæф нæ хауы. Т а с о. Цæттæгæнæг оргæнтæ нын кæнынц стыр зиантæ. Дзидзайы комбинатмæ хæрзхаст, нæрдæй тъæпп чи фæхауы, ахæм галтæ нылласæм æмæ та сæ банымайынц мæллæгтыл. Хæ- лæттаггонд цæуы не ’хсыр дæр — искуыдæр ма хохаг хъуццыты æхсырæн хæрз тæнæг схонæн ис? Е л и з б а р. Уыцы цæстфæлдахджытæн мах кæрон скæн- дзыстæм. Стурвосы уæз уæм фондзсæдæ килограммæ нæ хæц- цæ кæны? Т а с о. Нырма нæ, фæлæ нæ бирæ нал хъæуы. Е л и з б а р. Хорз, хорз, æрмæст та дæ хъомыладон куыст ма ферох уæд... Куыд сты дæ бинонтæ? Цытæ кусынц? Т а с о. Къола æмæ Алхæст ам вæййынц. Лæппу фыййау цæуы... Мæнмæ гæсгæ, æрæмбæрста, йæхиуыл æрхудт. Е л и з б а р. Дæ бинойнаг та? Т а с о. Уый не сразы... Цæуынмæ йæм фæхъавын, фæлæ мæ нæма ’вдæлы. Е л и з б а р. Уый та куыд "нæма ’вдæлы" у? Æрбахызт М и н т æ æд чумæдан. Фефсæрмы, йæ чумæдан æрæвæрдта æмæ æнцад лæууы. Ничи ницы дзуры. Рахиз мидæмæ, æфсæрмы ма кæн. Тасо, æвæццæгæн, æм дæумæ исты фарста ис? Т а с о. Елизбар, базонгæ ут. Уый кæй кой кодтам, уый у — не ’фсин. Е л и з б а р. Тынг хорз. Тынг хорз, дохтыры куыст ам æх- сызгон хъæуы. Тасо (Минтæмæ). Ацу хæдзармæ æмæ уазджытæн сихор ацæттæ кæн. (Минтæ систа йæ чумæдан æмæ ацыд). Елиз- бар, мах сфæнд кодтам халсартæ тауынæн æхгæд агьуыст сара- зын иу кæнæ дыууæ гектарæн. Æрмæст æй нæхи тыхтæй нæ бон нæ бауыдзæн. 112
Е л и з б а р. Хъæуы, хъæуы. (Фыссы йæ блокноты). Æмбæрзæн. ÆХСÆЗÆМ НЫВ Захъа. Т а с о й ы хæдзар. Ног агъуыст, фæлæ хæхбæсты кæй ис, уый бæрæг у. Аив уат. М и н т æ æфсинарæзтæй хæдзары зылдтытæ кæ- ны. Радиойæ хъуысы хъæлдзæг зарæг. Хæдзары фæстæ дардæй зыны Ресы хох. Æрбацыд Т а с о. Т а с о. Не ’фсин, суар не схастай? Тынг сдойны дæн. М и н т æ. Йæ тæккæ нæуæгæй, сæр-сæргæнгæ. (Авæрдта йын суар). Т а с о. Цыма æнæ ацы суар нал бафæразин, афтæ мæм кæсы... Цæй, куыд у? Нæ фæлмæцыс хæххон цардæй? Не ’рымы- сыс дæ раздæры цард? М и н т æ. Иунæгæй мæ куы ныууагътат, уæд бирæ фæхъ- уыды кодтон мæ цардыл, мæ митыл... Т а с о. Æмæ дзы цавæр хатдзæгтæ скодтай цымæ? М и н т æ. Тынг дис фæкодтон адæмыл. Цымæ цæмæн сты ахæм æнæууæнк æмæ мæнгард? Т а с о. Уымæй рæдигæ кæныс. Æвæццæгæн, фаг нæ ахъ- уыды кодтай. М и н т æ. Цалынмæ ды райкомы секретарь уыдтæ, уæдмæ зæххыл мæнæй хуыздæр нæ уыд. Цас мын кодтой цæстмæмитæ, козбау митæ... Мæ алывæрсты-иу зилæнтæ кодтой, сæ цинæн кæрон нæ уыд. Сæ хъуыры мæ хуыдтой æгънæгæн. Т а с о. Уанцон нæу. М и н т æ. Сæхицæн стыр кадыл нымадтой мемæ фембæ- лын, мемæ аныхас кæнын. Мæ ныхас сын сыгьзæрин уыд, закъон. Т а с о. Бынтон афтæ кæм уыдаид, фæлæ дзы ис Зылынтæ æмæ Бæстылханты хуызæттæ. М и н т æ. Æгæр бирæ сты, аскъуыйа сæ мыггаг. Дæу куыд- дæр дæ куыстæй систой... Т а с о. Мæн нæ систой, æз мæхæдæг балæвæрдтон курдиат. М и н т æ. Æмæ дæ куы систой, стæй ардæм куы рацыдтæ, уым æз иунæгæй куы баззадтæн, уæд мæ куыдзы хъуыды дæр ни- 8 Царды хос 113
чиуал кодта. Мæ хæрзтæ сын хæрам фæуой, сæхи-иу мыл атигь кодтой, азылдысты-иу иннæрдæм. Цыма мæ зонгæ дæр нæ кодт- ой. Т а с о. Кад тыххæй агургæ нæу. Бирæ, тынг бирæ йыл хъæуы кусын. М и н т æ. Фырмæстæй-иу мæ фæрстæ фæйнæрдæм фæ- цæйтыдтой. Æхсæв фынæй нал кодтон, бон мæхицæн бынат нал ардтон. Марадз зæгъ, кæд ма мæм телефоны дæр исчи æр- бадзырдта. Ныр сæ хорз базыдтон — куы ницы ’нхъæл дæ уой, уæд дæ сæрты дæр ахиздзысты, адæймаг кæй дæ, уымæ дæр нæ фæкæсдзысты. Т а с о. Нæ, не ’фсин, адæм хорз сты. Адæм хорз зонынц, чи цы аккаг у, уый. Хорзæй, æвзæрæй. Куыд хъуамæ кад кæной æвзæргæнæг, магуса, лæвархорæн? М и н т æ. Уæд мын раздæр цæмæн кодтой? Куырмытæ уыдысты? Т а с о. Æфсæйнагыл згæ куы стых вæййы, уæд æй ногæй арты бахсидынц æмæ та дзы дзыхъыннæуæг æфсæйнаг рауайы. Æз æмæ ды дæр ам нæ хидвæллойæ сыгъдæг кæндзыстæм, нæ зæрдæтыл цы хæрв абадт, цы згæ сыл фæхæцыд, уый. М и н т æ. Мæхиуыл ницæмæй бацауæрдцзынæн. Æцæгæй- дæр, мæхиуыл дис кæнын — куыд фæрæзтон æгуыстæй бадын. Ам ме уæнгтæ айвæзтон. Хæрды бынæй суар сдавын мæнмæ нымады дæр нæу. Уæдæ ма дохтыры куыстæй хуыздæр æмæ ар- фæйагдæр куыст цы уа? Ацы куыст æз ам йæ къахыл слæууын кæндзынæн, куыд æмбæлы, афтæ. Т а с о. Уæддæр дæ чи сразы кодта ардæм рацæуыныл? Дæхи куы мардтай, "сæрсæфæнмæ" куынæ куымдтай. М и н т æ. Фыркатайæ цы кодтаин, уый нæ зыдтон æмæ-иу чингуытыл мæхи ныццавтон, кæд сæ кæронмæ иуы дæр нæ кас- тæн, уæддæр. Иу бон дын кæсын "Нарты кадцжытæ". Т а с о. Диссаг. Æмæ дзы цы ссардтай уагæр? М и н т æ (рахаста егьау чиныг, фæлдахы йæ, агуры дзы хъæугæ бынат). Сослан мæрдты бæсты куы уыд, уæд йæ ус Беду- хайы фарста, цы бирæ диссæгтæ федта, уыдон цы амонынц, уымæй. Мæнæ дзы иу. (Кæсы). "Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ, иу ран хохæй быдырмæ бæндæн райвæзы æмæ та фæстæ- 114
мæ хохмæ батымбыл вæййы". Мæнæ ма бакæс, Сосланæн Беду.- ха цы дзуапп радта. (Дæтты йæм чиныг). Т а с о (кæсы). "Уый та уый у, æмæ фæстагмæ адæм хо- хæй быдырмæ царды хос аразынмæ цæудзысты æмæ та-иу фæс- тæмæ хохмæ бацæудзысты". М и н т æ. Куыддæр уый бакастæн, афтæ дæ ныхæстæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Бахъардтой мæм. Ай, зæгьын, нæ лæг, нæртон хъуыдытæ, нæртон хъуыддæгтæ куы кæны, уæд æз ам цы ми кæнын, йæ фарсмæ цæуыннæ дæн?! Т а с о. Æхсызгон мын у, дæ зонд кæй аивтай, адæмы хъæр кæй бамбæрстай, уый. М и н т æ. Уый дæ фæрцы, нæ лæг, дæ фæрцы. Ёхх, æвæдза, цæй амондджын фæдæн, цæй амондджын! Т а с о. Дæлвæндагæй уæлвæндагмæ чи бафæразы схизын, уый æцæгæйдæр амондцжын у. М и н т æ. Æвæццæгæн, мæ кары ахæм ныхæстæ фидаугæ дæр нæ кæны, фæлæ дæ ахæм уарзтæй никуыма уарзтон. Т а с о. Хæххон уæлдæф дæ райхъал кодта? М и н т æ. Мойæ мæ стыр, тынг стыр амонд фæци. Т а с о. Ныууадз ма цæй, нæ дыл фидауы ахæм ныхæс- тæ... М и н т æ. Æргом дын æй зæгьын: дæ хуызæн лæг зæххы цъарыл иу сылгоймагæн дæр нæй. Т а с о. Уымæй раст зæгъыс. Фаззон мын нæ уыд. М и н т æ. Сæрсæфæн айнæджы былмæ куыддæр бахæццæ дæн, хъæздыгдзинад æмæ мæ зынаргъ дзаумæттæ хурх кæнын куы байдыдтой, уæд мæм фæзындтæ ды, мæ ирвæзынгæнæг, æмæ мæ скъахтай мæлæты къухтæй, æрæвæрдтай мæ æцæг цар- ды, рæсугъд царды фæндагыл. Т а с о. Захъайы суар дын æвдадзы хос фæци. Фыссæджы ’взагæй дзурын дæр дзы куы райдыдтай. М и н т æ. Æцæг, æцæг. Мæхимæ дæр æндæр адæймаг кæсын. Ме ’нæуынон фæуæд уыцы тæрсгæ-ризгæ цард. Ныр та.. Раст цыма ног райгуырдтæн... Нæ лæг, диссаджы хорз фæнд æр- хъуыды кодтон. Т а с о. Мæймæ стæхын ма сфæнд кæнай. Ам нæ куыстытæ нæма фестæм. Сидзæрæй нæ ма ныууадз. 115
М и н т æ. Цæй æмæ ногæй чындзæхсæв скæнæм. Æцæ- гæй зæгъын, ногæй райдайæм нæ цард аразын. Æрхонæм нæ уарзон адæмы æмæ скæнæм захъайаг нæртон чындзæхсæв. Т а с о. Хъус-ма, не ’фсин, цыдæр кæныс. Иуæй дыл дис кæнын, иннæмæй та мын æхсызгон у дæ зондахаст, дæ ныхас. М и н т æ. Мæ хъарутæ, мæ уд, мæ цард æппæтæй дæр ратдзынæн, цæмæй дæ куыст рæстмæ цæуа, дæ кад бæрзондæй- бæрзонддæр кæна, ууыл. Т а с о. Кæс-ма, дæ хорзæхæй. Мæ зæрдæ барухс. Мæ ныфс фæфылдæр. Мæ хъарутыл мын бафтыдтай хъарутæ. Раст цыма æрыгондæр фæдæн. Ныронг мæм куыд дард уыдтæ, уый ды зонгæ дæр нæ кæныс? М и н т æ. Ферох кæнæм уыцы бонтæ. Уыцы Минтæ амард, нал ис, нал кæнæм йæ кой. Ныр æндæр Минтæ у де ’фсин æмæ чындзæхсæв хъуамæ скæнæм. Т а с о. Нæ фырт æмæ нæ чызг æнæниз, æнæмаст, нæхи фæндиаг уæнт, æндæр нæм чындзæхсæвтæ уыдзæн. Алхæстæй мæ зæрдæ барухс ис: æнæзивæг, куыстæй фæллад нæ зоны. Сæ- рæн у, йæ февнæлд — арæхстджын. М и н т æ. Фæсмон кæны йæ къулбадæг митыл. Дзырдта мын, цы хуызы, дам, сраст кæнон мæхи папæйы раз. Фæнды йæ институтмæ куы бацæуид фæсаууонмæ. Æрбацыд Къола. Минтæ æмæ Т а с о сыстадысты. К ъ о л а сын "бадут, бадут", загьта, фæлæ уыдон лæууынц. К ъ о л а йæ ехс æрæвæрдта, йæ къухтæ ахсадта æмæ стъолы фарсмæ æрбадт. М и н т æ фынг æрæвæрдта. К ъ о л а. Дæ цæрæнбон бирæ, дæ цæрæнбон. Æфсин цы хæдзары нæ уа, уый хæдзарыл нымад дæр нæу. Де ’рбацыдæй фæстæмæ нæ хæдзар мыды къусау бæркад æмæ бæрæчетæй байдзаг. Т а с о. Уый размæ дæр, баба, нæхи æххормаг куы никуы ныууагътам. К ъ о л а. Никуы мæ бауырныдтаид, мæ чындз ахæм хæрза- рæхст æфсин разындзæн, уый. Раздæр æм ахæмтæй ницы хатыд- тон. Ныр мæ уд йæ нывонд, мæ зæрдæ дзы барухс. Т а с о. Иу арахъ нæ баназдзынæ? (Æркæнынмæ хъавы). 116
К ъ о л а. Нæ, ма ’ркæ. Чындзы бæгæны цыфæнды нозтæй дæр хуыздæр у. Рауадз бæгæны. Уæдæ нын Ресы Уастырджи,' Стыр Хуыцау, дунейы фарн ацы цард нæ къухæй макуы айсæнт. (Нуазы). Æмбæрзæн ÆВДÆМ НЫВ АВАНСЦЕНÆ Æмбæрзæны разæй сценæйы иу кæронæй рацæуынц æмæ иннæ кæ- роны ахизынц æмбырдмæ цæуджытæ. Æрбацыдысты хъугдуцджытæ — Р и - т æ æмæ Т а н я урс халатты. Т а н я. Ехх, Ритæ, æз цы уарзын, уый зоныс? Р и т æ. Дзаджджын уæлибæхтæ æмæ цæрвджын дзыкка. Т а н я. Æз уарзын хъæздыг æмæ хъæлдзæг цард. Р и т æ. Уанцон нæу? Т а н я. Алцыдæр мын фаг куыд уа, цас мæ хъæуы, уыйбæрц. Æнæмæт, сæрибар цард. Зæронды бонмæ дæр нæ бафсæдин ахæм цардæй. Р и т æ. Иунæгæй сразы уаис ахæм цардыл? Т а н я. Бæргæ, фæлæ кæм ис ахæм амонд. Р и т æ. Нæ. Таня. Æнæ мойæ хъæздыг царды бæсты æз лæгимæ мæгуыр цардыл дæр разы. Зары хъæлдзæгæй, хонæгау: Ус курынмæ чи цæуы, Уый Захъамæ рацæуæд, Уый рацæуæд, рацæуæд... (Худы). Т а н я (зары уыцы зарæгмæ гæсгæ): Хорз цæрынмæ чи хъавы, Уый Захъамæ рацæуæд, Цæй рацæуæд, рацæуæд. Р и т æ. Ардæм куы цыдтæн, уыцы бон уыди, мæ зæрдæйы æнусмæ чи баззад, ахæм бон: Алимырзаимæ нæ сусæг уарзон- 117
дзинад раргом кодтам. Суанг бонмæ фæныхас кодтам, стæй хур куы скаст, уæд ард бахордтам зæрин хуры сæууон тынтæй, кæй никуы сивдзыстæм кæрæдзиуыл нæ зæрдæ. Тагъд æй ардæм хъæуы. Чындзæхсæв скæндзыстæм. Тасо йын куыст æмæ хæдза- рæй ныфс бавæрдта. Т а н я. Тæхудиаг дæ... Ацыдысты Р и т æ æмæ Т а н я. Æрбацыдысты К ъ о л а æмæ Т у т и. К ъ о л а. Тути, дæ зондахаст рæстмæ нæу, уый зонын, фæ- лæ дын кæцырдæм арæзт у, уый нæма бамбæрстон. Тути. Æргом ныхас уæ куыд никæй хизы. Æз дзырдтон, дзурын æмæ дзурдзынæн — дæ фырт Тасо адæмы сæрра кодта, сæ цард сын сызмæста. Паддзахады фæллой ныххæлæттаг кодта. Адæм размæ цæуынц, уый та нæ фæстæмæ ласы, хæхтæм. К ъ о л а. Тути, мæ хур, кæд ам цы диссæгтæ арæзт æрцыд, уыдон нæ уыныс, уæд дæ, æвæццæгæн, цæстыты дохтырмæ цæ- уын бахъæудзæн. Т у т и. Æз, Къола, куырм нæ дæн, фæлæ дæн æргомдзырд, хъæндзинæдтæ нæ быхсын, чифæнды дæр уæд. Ацы куыстытæн фидæн нæй, ома зæгъын фидæнмæ ам агъуыстытæ афтидæй баз- зайдзысты: адæм фæстæмæ быдырмæ алидздзысты. К ъ о л а. Хъус-ма, хылгæнаг Тути! Дæ хæдзар авгæй конд куы у, уæд адæмимæ дурдзагъдæй цæмæн хæцыс? Ацыдысты. Æмбæрзæн байгом. Захъа. Ног арæзт нырыккон хæдзæр- ттæ. Дардæй зынынц зæронд хæххон хæдзæрттæ, мæсгуытæ. Аразджытæ аразынц ног хæдзары дыккаг уæладзыг. Хæдзары раз аразæн æрмæг. Куыст йæ тæмæны бацыд. Хъуысы музыкæ. Аразджытæ зарынц. Б а т ы р. Байхъусут-ма! Иу курдиат мæм ис. С о л т а н. Æрмæст дæ дзыхæй схауæд, æндæр æй кондыл нымай. Б а т ы р. Ацы хæдзар иннæтæй ноджы фæхуыздæр кæнæм. С о л т а н. Дæ салам бирæ. Мах се ’ппæты дæр хорз куы аразæм. Б а т ы р. Æз уын сау фыс аргæвддзынæн, сау бæгæны — бур физонæгимæ. , С о л т а н. Ома, цæй тыххæй? Цы ’фсонæн? 118
Б а т ы р. Бынаты куывдæн. Б е р к ъ а. Ницы дын дзы рауайдзæн.Тасомæ нæ хъуыстай: æмхуызон хорз сæ аразут, чи уæ кæм цæрдзæн, уый бæрæг нæ- ма у. Б а т ы р. Æмхуызон хорз кусут дæр загьта, фæлæ дæ куысты рæстæгæн йæ фылдæр тамако дымын æмæ дзæгъæл лæ- удыл фæвæййыс. С о л т а н (Беркъайæн). Уыимæ æрæджытæ кæныс. Цал- дæр хатты та цухтæ фæкодтой, ницы сæр дæ хъуыд, афтæмæй. Б а т ы р. Дæу аххосæй нæ бригады нæй фидар æууæл, фи- дар фæтк. Халыс фæллойадон æгьдау. Куыст къуылымпы кæныс. С о л т а н. Куысты рæстæджы бонасадæн чи кæны, уымæн нæ бригады бынат нæй. Иумæйаг хъуыддагæн зиан хæссы æмæ йын йæ фарста рахæссæм нæ бригады советы æмбырдмæ. Б а т ы р. Раст зæгъыс, Солтан. Дæ хуызæн цæлхдуртæ нæ куысты ницæмæн хъæуы. Ныр сайæн куыстыты заман фæци. Æм- хуызон исæм, æмхуызон хъуамæ кусæм. С о л т а н. Æмæ канд мыздыл ныхас нæ цæуы, фæлæ хъу- амæ немæ æвзæр кусæг ма уа. Ног хуызы бригадон мадзалæй кусгæйæ афтæтæ гæнæн нал ис. Б е р к ъ а. Цæй-ма, куы мæ фæхæрут æд спецовкæ. Нæ уæ фæнды мемæ кусын æмæ уый зæгъут. Æмæ уын лæгьстæ нæ кæндзынæн. Дурамайджытæ арæзтадты бон цырагъы рухсæй куы агурынц. Цæмæй мæ тæрсын кæнут? Тæккæ райсом, кæм мæ ба- фæнда, уым хуыздæр бригады райдайдзынæн кусын. Мæ зæрдæ- мæ уым дæр нæ фæцыд, уæд та мын лæгьстæгæнджытæ бирæ — æндæр ран та мæ райсдзысты æнæ уæлдай ныхасæй. Б а т ы р. Нæ, дæ зæрдæ дæ фæсайдзæн. Мах дæ афтæ- мæй нал ауадздзыстæм. Нæ бригады æгъдау нын халыс æмæ ма ноджы æндæр бригæдты æгьдау дæр фехелай? Нæ, уый дын нал рауайдзæн. Кæнæ раззагдæр кусджытау фæзминаг куыст кæнын райдайдзынæ, кæнæ дзы дæ митæ ныффысдзыстæм æмæ дæ уæд æппындæр куыстмæ ничиуал райсдзæн. Æвзæр кусæг нæ падцзахады иу ран дæр нæ хъæуы. Б е р к ъ а. Нæ, уый раст нæу. Уæд æз цы хъуамæ фæуон? Цæрын мæ нæ хъæуы? 119
Б а т ы р. Нæ зонын... Иу бынат æрхъарм кæн. Дæхиуыл æр- худ æмæ дын мах нæхæдæг схос кæндзыстæм. Æрбацыдысты Т о т ы р æмæ М и н т æ. Аразджытæ рæвдздæр февнæлдтой сæ куыстмæ. Т о т ы р. Минтæ, æнæ проёктæй аразын мæ бон нæу. М и н т æ. Цæуыннæ йын ис проект? Алцы дæр куы аразут, уæд адæмы кæм дзæбæх кæндзыстæм, ууыл цæуыннæ ахъуыды кодтат? Ссарут проект, нæ уæ ныууадздзынæн. Т о т ы р. Хорз, арвитдзынæн проектон институтмæ, Мини- страдмæ æмæ нын кæд фидаргонд проект æрбавитиккой, уæд æй райдайдзыстæм аразын. М и н т æ. Æмæ куынæ æрбарвитой, уæд та?.. Нæ, тæккæ райсом æз мæхæдæг цæуын æмæ ма-иу фæкæс — фидаргонд проект дын дæ къухмæ авæрдзынæн. Стæй, æппæты хуыздæр чи уа, ахæм. Т о т ы р. Дæ цæрæнбоны тыххæй бæгæныйы къус чи бану- аздзæн, уый та æз. М и н т æ. Бæгæны бирæ куы уарзыс, цæуыннæ нæм æрба- цыдтæ? Б а т ы р. Бауайдзынæн та уæм. Мæ цæрæнбонты ахæм бæгæны никуы банызтон. Нæртон нозт, ронг цы у йæ разы. М и н т æ. Де ’мбæлтты дæр-иу ракæн. Ницы хъуаг стæм: уæлибæхтæ, физонæг дæр рæвдз уыдзысты. Уазæг нæм арæх куы фæцæуы, уæд нæ лæгæн уымæй æхсызгондæр ницы вæййы. Нæ зæронд лæг дæр кæуыл æмбæлы, уыдон хæдзармæ кæны. Йæ цинæн кæрон нæй. Т о т ы р. 0, дæ уæлибæхтæ бынтон диссаг сты. Минтæ, арæх фæхъуыды кæнын, зæгъын, цæмæн афтæ у: уыцы иу ссад,уыцы иу цыхт, уыцы иу уавæртæ — уæлибæхтæ та алыхуы- зæттæ сæ бакастæй, уæлдайдæр та сæ адæй. М и н т æ. Æмæ дæм цы дис кæсы, Тотыр? Дæ кусджытæм ма бакæс: уыцы иу арæзтадон æрмæгæй иутæ ахæм хорз кусынц æмæ сæ амад къултæ, сæ арæзт хæдзæрттæм адæймаг кæсынæй не ’фсæды, сæ иннæтæ та уыцы арæзтадон æрмæг дзæгьæл сæфт кæнынц. Цæй аххос у? Т о т ы р. Цы хабар у? Цæуыл кодтат хъæрныхас? 120
Б а т ы р (амоны Беркъамæ). Бафæрс ын йæхи. Куынæ ны- ууадза йе ’взæр митæ, йæ нозт, уæд ын цы хъæуы, уый нæхæдæг бакæндзыстæм. Нæ дын æй загьтам, фæлæ æндæрæбон дæр нозты тыххæй байрæджы кодта. Т о т ы р (Беркъамæ). Æмæ цы дæ быны къæйтæ баныз- тай — худинаг дæм нæ кæсы? Æрхуд, æрхуд дæхиуыл, цалынмæ дын нæ байрæджы, уæдмæ. Б е р к ъ а. Цы уæ хъæуы мæнæй? Искæй хардзæй уæ нуа- зын, мыййаг? Искæй кой уæ кæнын? Искæй уæ хъыгдарын? Кæй цы хъуыддаг ис мемæ? Т о т ы р. Нуазыс! Давæггаг æхцатæй нуазыс! Б е р к ъ а. Мæнг зæгъыс! Давгæ никæмæй кæнын. Мæхи мыздæй цы кæнын, уый уæ никæмæ хауы. Т о т ы р. Махæй нæ — дæ бинонтæй, дæ сабитæй йæ да- выс! Ныууадзыс сæ æххормагæй, æнæ дарæс, æнæ мызд? Ды уый давд нæ хоныс? Фæстаг хатт ма дын хатыр кæнæм. Куы- нæ æрхудай дæхиуыл, уæд дæ тæригъæд дæхи. Хъаст-иу ма ракæн! Цингæнгæ æрбазгьордтой Хасан, Алхæст, сæ къухы ног арæзт холлæгтæ. А л х æ с т. Скуыста нæ комбинат, скуыста! Диссаджы хол- лæгтæ! Мæнæ ма æркæсут, хæххон кæрдæджы ссад. Йæ хусыс- маг дардмæ кæлы. X а с а н. Адон та гранултæ. Кæрдæгæй цыма цъæх сæкæ- ры къæрттытæ ацарæзта. Цалдæр азы дæр лæудзысты. Ацы хол- лæгтæй иу мисхал дæр дзæгъæлы нал фесæфдзæн. А л х æ с т. Æмæ хæццæ холлæгтæ куыд арæвдз кæны, уый та? Алы концентратæй аразы холлæгтæ: хъомвосæн — хицæн, лы- стæг фосæн — хицæн, хуытæн — хицæн. Суанг ма кæрчытæн, рæ- уæдтæн, хъыбылтæн дæр аразы холлæгтæ. Къухæй-къухмæ исынц кæрдæджы ссад, гранултæ. X а с а н. Афтæ рæвдз кусы, уый бæрц витаминджын хол- лæгтæ ацæттæ кæны, æмæ канд нæ колхозы фосæн нæ, фæлæ æнæхъæн районы фаг дæр уыдзæн. Уый стыр æнтыст, стыр уæла- хиз у. Уый стыр бæрæгбон у махæн. Ныр мингай тоннæтæ æвзар- 121
гæ хор фæстауæрцгонд цæудзæн, холлæгтæн дзы раздæры бæрц нал хъæудзæн хардз кæнын. Т у т и. Фæстагмæ мæн дæр уырнын байдыдта уæ хæххон зарæг: æвæццæгæн ын нæй мæлæн. Ау, фæрæдыдтæн? Æд фæндыр, рюкзактæ се ’ккой, афтæмæй æрбацыдысты А з а у - х а н æмæ йе ’мбæлттæ. Цинтæ, хъæбыстæ. Т о т ы р. Æгас цæут, æгас цæут, нæ дзæбæх хотæ. Азаухан, æмæ уæ арæзтадон къордæй æндæр ничи æрбацæудзæн? А з а у х а н. Æмæ мах æгьгъæд не стæм? Т о т ы р. Сымах кæуылты стут, кæуылты! Фæлæ уæ лæппу- тæ кæм сты? Цæуыннæ рацыдысты? А з а у х а н. Куыд дзурыс, афтæмæй, Тотыр, ды сылгойма- гæн аргь кæнын нæ зоныс. Мах уыдонæй æвзæрдæр куыстам? Т о т ы р. Тæригьæд уын кæнын. Хорз кусут, фæлæ уæззау куыст сылгоймаджы куыст нæу. Сымах фаг нæм лыстæг куыстытæ — бирæ. Азаухан. Ма тыхс, Тотыр. Райсом иууылдæр æрбацæ- удзысты. Т о т ы р. Дæ цæрæнбон мын бирæ, Азаухан. Ныр кæд фæл- лад нæ дæ, уæд нын иу дзæбæх цагьд акæн. Азау нæ комы, æфсæрмытæ кæны. К ъ о л а. Ацæгьд, ацæгъд, мæ хур Азау. Рагæй дын нал фехъуыстон дæ фæндыры цагьд. А з а у х а н цæгьды. Иутæ зарынц, иннæтæ кафынц. Æрбацыды- сты Т а с о æмæ Е л и з б а р, семæ иннæ уазджытæ дæр. Адæмæн салам радтой. Хъазт банцад. Æмбырд райдыдта. Т а с о. Зынаргь æмбæлттæ! Нæ колхозы, нæ хъæуы бæ- рæгбонмæ æрбацыд бирæ уазджытæ. Æрбахуыдта сæ обкомы секретарь Елизбар. Уый махыл æвæры ноджы фылдæр хæстæ. Стыр куыст цæуы паддзахады къæбицмæ фылдæр фæллойадон хуынтæ бахæссыныл алы ран дæр. Сæвæрæм дзы мах дæр бирæ фæллæйттæ. Уый фæстæ дзы, цы нæ хъæуа, уый сæрыстырæй куыд исæм, æмæ нын афтæ куыд ничи зæгьа: "Сымах иумæйаг къæбицы куы ницы сæвæрдтат, уæд дзы нардуатæй цæмæн исут", зæгъгæ. Нæ уазджытæ нын бауайдзæф кодтой, лыстæг фосы 122
куыстмæ нæ хъус фаг кæй нæма æрдардтам, уый тыххæй. Раззаг-' дæр хæдзæртты алы фысæй дæр исынц иу кæнæ дыууæ уæрыч- чы, кæмдæрты та æртæ-цыппар дæр. Махмæ уый нæма ис. К ъ о л а. Амондджын лæгæн йæ ус лæппутæ ары, йæ фыс та сыл уæрыччытæ, уыимæ дыгай уæрыччытæ. (Адæм схудтысты). Æз иу фæндон хæссын: колхозы фермæты чи фылдæр æхсыр æр- дуца, ууыл ерыс цæуы? Цæуы, иннæтæ дæр ерыс кæнынц? Кæ- нынц. Уæдæ бинонтæ бинонтимæ ерыс цæуыннæ хъуамæ кæной? Афæлварæм, кæмæн хуыздæр уой йæ хæдзары фос, чи фылдæр ратдзæн паддзахадмæ дзидза, æхсыр, къуымбил, цыхт, царв. Æз уæм сидын, нæ хъæубæстæ, ерысмæ, кæддæра иухуызон уавæр- ты чи фæразæй уаид. Мæ кармæ мын ма кæсут: ам та ме уæнгты хъару бацыд. Фæсте чи баззайа, уымæн йæ дуарыл быдыргъ са- уындздзыстæм. Адæм базмæлыдысты, чи разы у, чи нæ К ъ о л а й ы фæндоныл. Хъæлæстæ: "Раст зæгьы", "Афæлварæм.." Т а с о. Ныхасы бар нæ партийы обкомы секретарь Елизба- рæн. Е л и з б а р. Абон æцæгдæр стыр æмæ намысджын бæ- рæгбон у Захъагомæн, æнусон, фыдæлтыккон Захъа ногæй рай- гуырд, райдыдта дзы ног цард. Æрбаздæхдзысты хæхтæм сæ хи- цæуттæ! Нæ бон цæмæй у, уымæй уын æххуыс кæндзыстæм. Ны- хасæй нæ — хъуыддагæй. Т а с о. Æцæгдæр, адæм фæстæмæ хохмæ æрбацæудзы- сты. Уыцы рæстæг ныр æрцыд. Мах æй фæтагъддæр кодтам. Захъагом та нæртон бæркад дæттын райдыдта. (Театрдзаутæм). Хонæм уæ, хорз адæм, рæцæут хæхбæстæм! Ныр та кафгæ æмæ заргæ! Фæндыры цагьд азæлыд. Кафт бацайдагь. Кафынц Е л и з б а р æмæ М и н т æ. Бадгæ чи кодта, уыдон слæууыдысты, фæсивæд зарынц. Кæстæртæ раивтой кафджыты. Къæрццæмдзæгъд стынг. Æмбæрзæн.
ФÆДИС Дыууæактон драмæ АРХАЙДЖЫТÆ: А р с Б и р æ г ъ Р у в а с Б æ л о н Булæмæргъ Ц æ р г æ с М а й м у л и Андрей Петрович — академик. Ф ы с с æ г М а д У а н о П е т к а И у а н е дурамайджытæ К ъ о л а X ъ æ д г æ с Архайынц ма дзы адæм, сырдтæ, мæргътæ. 124
ФЫЦЦАГ АКТ ФЫЦЦАГ НЫВ Хъæд. Хъуысы цины музыкæ. А р с дзаджджын фынгтæ дзæбæхтæ кæны. Æрбацыд Б æ л о н. Б æ л о н (Арсæн). Нæ зынаргь Михал Михалы фырт! Дæ ноггуырд цæринаг уæд, дзæбæхæй, æнæнизæй схъомыл уæд йæ ныййарджыты фæндиаг! А р с (хъæлдзæгæй, худгæ). Бузныг, бузныг, нæ зынаргь Бæлон! Абон махæн нæ иумæйаг бæрæгбон у. Дæуæн дæр арфæ кæнын, дæ къуыртт рæстмæ кæй фæци, уый тыххæй. Бахъомыл уæнт æнæмæт, æнæхъыг, æнæмастæй дæ лæппынтæ. Б и р æ г ъ (дардæй хъуысы йæ хъæр). Уæртæ цы фын- гтæ ис, уæртæ. Уый дын куывд, æндæр дзы иннæтæ дæр ацъапп кæнынц куывдтæ, афтæмæй дзы бахæрынмæ ницы вæййы. 0, фæ- цæй мæ рох кодта арфæ ракæнын. Мйхал, дæ гуырд цæринаг уæд, дæхи хуызæн тыхджын, ныфсджын! 0, нæ буц Бæлон, дæ папитæ дæуау хæссæнт сабырдзинад, æнцойад. А р с. Бузныг, бузныг, зыдыка, уый æнхъæл дын нæ уыд- тæн. Арфæтæ дæр куы зоныс, уый. (Æрбацыдысты радыгай Май- мули, Цæргæс, Булæмæргъ æмæ иннæ сырдтæ, мæргътæ. Иууылдæр арфæтæ кæнынц Арс æмæ Бæлонæн). М а й м у л и. Æз дæр уын тынг зæрдиагæй арфæтæ кæ- нын, зынаргь паддзах Михал Михалы фырт. Ды нæ ныфс дæ, дæ хъæбул дæр ныфс куыд уа, ахæм амонд æй уæд. Бæлон, мæ къо- на, ды сабырдзинады бардуаг дæ æмæ дæ фарнæй хайджын уæнт дæ кæстæртæ. Лæварæн бахастон мыды къус, Михал, дæ лæппы- нæн уæ лæгæтмæ. Дæ лæппынтæн та (Бæлонæн) еууы нæмгуы- тæ ныккодтон уæ ахстоны. А р с æмæ Б æ л о н. Бузныг нæ уарзон Маймули, дæ арфæтæй, дæ лæвæрттæй. Стыр бузныг! Б и р æ г ъ. Нæ хорз фысымтæ! Ныхæстæ хорз сты, фæ- лæ сæ гуыбынæн мур пайда дæр нæй. А р с. Рувас дæр æрбацæуинаг уыд æмæ... Б æ л о н. Мæнæн дæр зæрдæ бавæрдта, тагъд зындзынæн. Б и р æ г ъ. Цæрæнбоны иумæ цæрæм æмæ нырма нæ сахуыр стут Рувасæн йæ митыл. Уый мæн цал сайды фæкодта, 125
уыдонæн кæрон дæр нæй. Марынмæ йæ фæхъавын, фæлæ та мын йæ гæды æвзаг æмæ йæ къæхты фæрцы аирвæзы. А р с. Уæддæр ма йæм иу гыццыл банхъæлмæ кæсæм, кæд фæзынид. Б æ л о н. Æцæг, æцæг. Æнæ Рувас æнкъард уыдзæн нæ фынг. Б и р æ г ъ. Æз уын зæгьын, нæ йæм хъæуы кæсын. Ацы фынгтæм кæсгæйæ мæ комдæттæ цыхцыр ныллæууыдысты. Цы йыл тыхсут? Куынæ ’рбацæуа, уæд хуыздæр. Нæхицæн дзы фыл- дæр баззайдзæн. Цæй ма... А р с. Фæуæд дæ фæнд, зыдыка. Сразы уæм, зынаргь Бæ- лон, Рувас дæр нæм кæд зынид, цы зæгьыс? Б æ л о н. Сразы уæм. Рæстæгæн уромæн нæй. А р с. Уæдæ иууылдæр æрбахизут фынгтæм. Сбадут, сба- дут, хатын уæм ма бахъæуæд. Б и р æ г ъ. Цæй хатынты кой кæныс, бар кæй радтай, уымæй бузныг. (Бауад æмæ дзаджджындæр кæм уыд фынг, уым абадт). Ам дзы цыма фылдæр ис. А р с. Хистæрæн баддзынæн мæхæдæг. Разы стут? Хъæлæстæ: "Стæм!". Уæдæ райдайæм. Мæ фыццаг сидт у ноггуырдты цæрæнбо- ны тыххæй. Абон махæн у стыр бæрæгбон, цины бæрæгбон. Нæ мыггаг не скъуыйы, нæ мыггагыл та бафтыд! Уымæй ма хуыздæр цы уа! Рæзæнт нæ кæстæртæ буцæй, рæвдыдæй, низтæй цух куыд уой, амондæй хайджын, уыцы хорздзинад сын Стыр кадджын Хуыцау балæвар кæнæд! Фсатийы фæдзæхст фæуæнт. (Йæ алы куывдæн дæр ын æмхьæлæсæй "Оммен, Хуыцау!" хъæр кодтой). Ныр аназут уæ нуазæнтæ æмæ фынгмæ æрæвналут. Хæрынц, нуазынц. Хъæлдзæг ныхас кæнынц. Б и р æ г ъ. Хорз нæ уынут, хорз, нæ фысымтæ, уæ цæ- рæнбон бирæ. А р с. Мыдæй уæм хорз æркастæн. Мыдыбындзытæ мын куынæ уаиккой, уæд æз уалдзæг мæ лæгæтæй нал рацæуин, уым ныххæдмæл уаин. Мыдæй зымæгмæ мæхи хорз бацæттæ кæнын. Мыд цард у. Дис уыл кæнын, сымах æй мæ хуызæн куыннæ уарзут. 126
Б и р æ г ъ. Мæнæн дзидза уæд, æндæр иннæтæ дæхю- цæн хæлар. А р с. Ды, зыдыка, лæвархор дæ, цæттæйæ уарзыс, æф- сис нæ зоныс. Мыдыбындз та фæллойгæнæг у, куыстуарзон. Цæ- мæй иу гыццыл къусы дзаг мыд æрæмбырд кæна, уый тыххæй фæтæхы сæдæгай мин километртæ. Б и р æ г ъ. 0, ды йын афтæ тынг тæригъæд кæныс æмæ йын йæ фыдæбæттæ рахафыс. Ам, фынгыл, цы мыд æрæвæрдтай, уый дæхи фæллой у? Расæрфтай та сын се ’вæрæнтæ. А р с. Бынтон лæвар мын нæ рауайы. Куы мæ базонынц, уæд мын цы хост ныккæнынц, уый куы зонис. Ды уæлæмæ дæр нал сыстис. Уæддæр сæм æз нæ мæсты кæнын: мыд чи аразы, уымæй хуыздæр, арфæйагдæр кусæг нæй. Мыд цард у, уды хос. Ц æ р г æ с. Космосы æмæ доны бын чи кусы, уыдонæн дæр мыд фæхæрын кæнынц. А р с. Уæдæ æз æдылы дæн. Мыдæй хуыздæр ма мыд вæййы, æрмæст майы мыд. М а й м у л и. Æвæццæгæн уæм абон æрмæст мыды кой уыдзæн. Б æ л о н. Бар мын радт, Михал Михалы фырт, æмæ æз дæр иу ныхас зæгъон. А р с. Куыннæ, куыннæ, дæ хорзæхæй, сидты бар дæумæ. Байхъусут нæ зынаргь Бæлонмæ, сабырдзинады бардуагмæ. Б æ л о н. Æз куыд мад, сабырдзинадыл тохгæнæг, Хуы- цаумæ кувын, цæмæй нæ хъæбултæ зындзинад ма феной, цæмæй Зæххыл æппæт цæрæгойтæ дæр цæрой хæларæй, уарзонæй. Уый уын мæ ныхас, уый уын мæ арфæ, уый уын мæ сидт. Хъæлæстæ "Хорз сидт у", "Бузныг, нæ зынаргь Б æ л о н", "Пара- хат уæд сабырдзинад". Иууылдæр хæрынц æмæ нуазынц. М а й м у л и. Мæнмæ дæр иу фæндон ис. Æгæр хæ- рæм, æгæр нуазæм. Фæлтау уал акафæм, ахъазæм, азарæм. Б и р æ г ъ. Нырма куы ницы бахордтам, куы ницы бану- æзтам, уæд цавæр кафт, цавæр зард кæныс?! Нырма раджы у. Кæд федтай афтæ?.. А р с. Куыд уæ фæнды, нæ буц уазджытæ? Хъæлæстæ: "Акафæм, азарæм". 127
Уæдæ уæд кафгæ, заргæ, хъазгæ. Нæ бон у æмæ ерыстæ дæр саразæм: тыхæвзарынæй, зарынæй, кафынæй æмæ æндæр хъæзтытæй. Циндзинад, худынц, зарынц, кафынц, хъазынц. Булæмæргъ æвдисы йæ дæсныйад. Ногæй та фынгмæ! Æгъгъæд уал фæуæд кафынæн. Дард- дæр нæ фынджы пълан кæнæм. Радыгай æрцахстой сæ бынæттæ. Æрбацыд Р у в а с. Р у в а с. Кæс-ма сæм, кæс, нæртон куывды куыд бадынц æнæ мæн. Уæ цины хъæр арвы кæрæттæм хъуысы. Б æ л о н. Æнхъæлмæ дæм кастыстæм æмæ... Р у в а с. Цытæ дзурыс, цытæ дзурыс! Æз ма уæ разæй дæр фæуыдзынæн. (Йæ къухмæ сыкъа систа). Цæй, ацы иумæйаг цины бæрæгбон, цины куывд хайыр уæд. Ноггуырдтæ цæринаг уæнт. Лæвæрттæ сын фæстæдæр ратдзынæн, тагъд-тагъдæй мæ къухы ницыуал бафтыд. Б и р æ г ъ. Фæлтау дæ къах куы асастаид æмæ куынæ рахæццæ уыдаис, мæнгард. Р у в а с. Фæлæ ма уын æз уæ циныл иу стыр цин баф- таудзынæн: æрбахастон уæм æппæты æхсызгондæр хабар — пад- дзæхтæ бафидыдтой, хæст нал уыдзæн! А р с. Кæм æй фехъуыстай, чи загьта? Р у в а с. Хæрын уын ард, æцæг хабар, нæ сайын. Амон- дджын цард нын æрцыди. Иууылдæр базмæлыдысты, бæстæ цин сси, хъыллиппытæ кæнынц иутæ. Б и р æ г ъ. Ныр цы цин кæнут? Кæуыл æууæндут? Рува- сыл? Ма йæм хъусут. Рувас Рувас дæр уымæн хуыйны æмæ сай- ын йемæ райгуырд. Куынæ асайа, уæд мæллæг кæны. М а й м у л и. Æцæг, æцæг. Зæгъ-ма, Рувас, æнæгæ- дыйæ, ацы хабар мысгæ ’ркодтай, æви йæ æцæг фехъуыстай? Р у в а с. Фыццаг хатт дзурын рæстдзинад æмæ мыл уæд- дæр не ’ууæндынц. Уæдæ мæм хъусут лæмбынæг. Уыдтæн кæр- чытæ давынмæ иу хъæуы. Бахъуызыдтæн кæркдонмæ. Кæсын 128
æмæ кæркдоны фарсмæ ныхас кæнынц дыууæ зæронд лæджы.. Æз æрæмбæхстæн æмæ хъусын. Иу дзы иннæмæн дзуры: "Абон газеты æхсызгон хабар бакастæн, паддзæхтæ, дам, бафидыдтой, хæст нал уыдзæн". Иннæ йын афтæ: "0, о, уый æцæг у, дысон æй телевизоры дæр дзырдтой". Ц æ р г æ с. Иугæр газеты фыст æрцыд, телевизоры йæ радзырдтой, уæд уый æцæг хабар у, хорз хабар. Зæронд лæгтæ дæр сыл куы баууæнддзысты. Р у в а с. Фырцинæй мæм афтæ тынг цыди ныхъхъæр кæ- нын сымахмæ, хæст нал уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ марынæй фæ- тарстæн. Замманайы нард кæрчытæм мæ комы дæттæ бæргæ цы- дысты, фæлæ сæ фæуагьтон, æнхъæлмæ кæсын нал уыди мæ бон. Зæгьын уæм тагъддæр цины хабар æрхæццæ кæнон. Б æ л о н. Уый æнæрцæугæ диссаджы хорз хабар куы ’рхастай, цæрæнбонты цæмæ бæллæм, уыцы хабар! Булæмæргъ. Диссæгтæ, диссæгтæ! Нал уыдзæн хæст! Цард æрцыди, æдас цард, амонд нын æрхаста. Зæххыл, дам, нал уыдзæни хæст! Æрцыд æнцад-æнцой цард. А р с. Акувæм, акувæм сабырдзинад, цины цард кæй ра- лæууыд, уый тыххæй. М а й м у л и. Уый адæймаг радта сабыр цард. Мæ туг æмæ ме стæг! Кад æмæ йын намыс! Сæ цæрæнбон бирæ! Б æ л о н. Саразæм ын исты хорздзинад лæварæн. Зæгъ уал мын ды, Михал Михалы фырт, цы у дæ лæвар адæйма- гæн? А р с. Мыд царды хос у, æвдадзы хос, удыхос. Æвзаргæ мыдæй йын иу боцкъа ратдзынæн, кæд æй мæхæдæг дæр бирæ уарзын, уæддæр. Ныр та ды зæгь, Булæмæргъ. Б у л æ м æ р г ъ. Æз ын ратдзынæн циндзинад, хъæл- дзæг, рæсугьд зарæг. Цы зæгъдзынæ, Цæргæс, ды та? Ц æ р г æ с. Хуыздæр лæвар уыдзæн нæ лæггад. Иууыл- дæр ын куы лæггад кæнæм зæрдиагæй, æхсызгонæй, уæд уый. Радтæм ын нæ уд, нæ зæрдæ. Б и р æ г ъ. Æз ын йæ фосмæ нал лæбурдзынæн... Р у в а с. Æз та йæ кæрчытæм... Б æ л о н. Æз та йын ноджы тынгдæр æххуыс кæндзы- нæн сабырдзинадыл, хæлар æмæ уарзон цардыл тохы. Кæддæ- 9 Царды хос 129
риддæр уыдзынæн йемæ, цæмæй сабырдзинад макуы æрцæуа хæлд! (Ногæй та сидтытæ, циндзииад, кафынц, зарынц). Б и р æ г ъ. Байхъусут мæм иу гыццыл. Иу фарста мæм ис. Ныр афтæ тынг цæмæн фæтæрсæм хæстæй? (Иууылдæр фæджих сты). Цыфæнды кæнæнт адæм, кæрæдзи дæр ныццæгъ- дæнт. Махæн дзы цы тас у? Мах ам, æдас ран, хъæды нæхицæн æнцад цæрдзыстæм. Уыдон хæцæнт сæхицæн. М а й м у л и. Нæ, нæ! Рæдийыс. Хæст куы вæййы, уæд сырдтæ, мæргьтæ адæмæй дзæвгар фылдæр фæвæййынц цагъ- ды. Адæмæй ма чи баззайы удыгас, уыдонæн хæринаг, дарæс нал вæййы æмæ сырды фыдæй фæцæрынц. Дæ цармæй дæр кæрцы- тæ сарæх вæййы уæд. Ц æ р г æ с. Иу бон та хæхты сæрты тахтæн. Кæсын æмæ иу гал кæрдæджыты фæдыл рындзмæ бахæццæ. Уæд æм Хæрæг кæсы æмæ йæ тых-йæ бонæй хъæр кæны: Тал хауы! Гал хауы!" Æз æм æввахс мæхи æруагьтон æмæ йæ фæрсын: "Цы хъæр кæныс? Цæуыл дæхи марыс? Ахауæд гал, дæуыл та дзы цы цæуы?" Уæд мын Хæрæг афтæ: "Куыд цы? Йæ хæссын та мæхи- мæ кæсдзæн". Æмæ раст уыд Хæрæг. Уыйау йæ фыдбылызæй мах дæр æнæхай нæ вæййæм. Йæ уæз та махыл дæр æрцæ- удзæн. М а й м у л и. Адæймаг куы равзæрд, уæдæй фæстæмæ йæ бæллиц у фæллой кæнын, æнцад, æнцой цард кæнын. Сæхи- цæн дæр æмæ махæн дæр аразынц бæркадджын цард, зæххон дзæнæт. Б æ л о н. Абон дæр уыдоны фæрцы нæ бон у нæ цæуæ- тыл цин кæнын, куывдтæ кæнын. Булæмæргъ. 0, куыд хорз у ноггуырды бæрæгбон, цины бæрæгбон. Цот кæмæн нæй, уый мæгуыр у, нæй йын фи- дæн. Цотмæ чи ’нхъæлмæ кæсы, уыдонæн бафтæд сæ къухы, рай- гуырæд сын бирæ хъæбултæ. Р у в а с. Тыхджын, ныфсджын сты адæм, фæлæ сæ дæ- хи дæр хъахъхъæн — сты тæссаг æмæ æгьатыр. М а й м у л и. Нæ, раст нæ дзурыс, Рувас. Адæм кæдду- неты хицау сты, уæддæр сты тæнзæрдæ, коммæгæс, лæмæгъ; цæстмæмитыл, сайдыл æууæндаг. Къæбæлдзыг ныхæстæм хæли- удзыхæй баззайынц хъусгæ, æмæ царвау атайынц. 130
Б и р æ г ъ. Æз адæмы зонд æмæ тыхыл уæд баууæнд- дзынæн, давæг æмæ марæгæн карз тæрхон куы кæной. Куы рай- дайой марæджы марын. Ныр та сыл æз нæма æууæндын. Ц æ р г æ с. Зондджын та куыд нæ у адæймаг. Сæхи хуы- зæттæ сарæзтой æфсæйнæгтæй, сахуыр сæ кодтой кусын, дзу- рын æмæ сын æхсæвæй-бонæй фæллой кæнынц. Æххуырстытæ дæр афтæ никуы куыстой. Суанг ма хуры тынтæ, доны тых, дым- гæ, иннæ æрдзон тыхтæй сæхицæн сарæзтой лæггадгæнджытæ. А р с. Йæ цæрæнбон бирæ уæд фæллойгæнæгæн. Даргь, хъызт зымæджы ныл фыдзаман куы скæны, сыдæй куы фæмæ- лæм, уæд нæ уый фервæзын кæны — хуынтæ æрбахæссы алкæ- мæн дæр, барæвдауы, бафсады нæ æмæ нæм цингæнгæ фæкæ- сы’. Нæ ирвæзынгæнæг, нæ дарæг. Фылдæр кæнæд йæ кад, йæ намыс. Р у в а с. Мах дæр ын æнæпайда не стæм. Æнæ сырд, æнæ маргь, æнæ цæрæгой, æнæ зайæгой, æнæ денджызы бæр- кад цы уаид иунæгæй адæймаг? Ницы. Ныммæлид æххормагæй. М а й м у л и. Фæлæ йын сырдтæ дæр æнæ фыдбылыз не сты. Ды, Бирæгъ, йæ фосæй куы цæрыс. Ды, Рувас, æнæ карк иу бон дæр куы нæ фæразыс. Арс дæр сæ æнæ аххосджын нæу. А р с. Вæййы, вæййы, цы йæ ’мбæхсæм. Æз дæр фæрæ- дийын... гал, кæнæ къамбец куы ’рцахсын... Б и р æ г ъ. 0, фæлæ нæ уый дæр æрцахсы, æрмахуыр нæ скæны æмæ нæ цирчы хъазæн хъултæ саразы. Иууылдæр мах — сырдæй, маргьæй, суанг ма хилджытæ дæр цирчы хъазджытæ свæййæм. М а й м у л и. Мæнмæ хорз кæсы цирчы хъазын. Адæм зæрдиагæй куы фæхудынц, уæд уый бирæ уарзын. Б и р æ г ъ. Цæй æмæ сын се ’взæрты ныццæгъдæм. Б æ л о н. Цæгьдын хорз нæу. Фæлæ дзы иу бон мæ фæ- дыл бафтыд иу æнамонд цуанон. Æз дзы нæ тарстæн, зæгъын, мыл цин кæнынмæ хъавы. Уый мæм ахæм зыд лæбурд фæкодта æмæ ма дзы тыххæйты атыдтон мæхи. Уый мæ суры, æз тæхын, уый мæ суры, æз тæхын. Уæд дын мæм йæ хъримаг куы фæцара- зид. Мæ амондæн йæ къах скъуырдта дурыл æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыд. Æнæсæр цуанон — исчи дæр ма згъоргæ-згъорын хæрдты фæкæсы? 131
Б у л æ м æ р г ъ. Ды дзы аирвæзтæ, фæлæ дæ фæс- тæ та мæн мардта. Зарыдтæн мæхицæн, иу бæласæй иннæмæ тæхын. Уалынмæ дын гæрах, зæгъгæ, фæцыд. Цæй зарæг æмæ ма цæй цыдæр — мæ базырæн йæ пакъуытæ фæйнæрдæм фæ- тахтысты, акалд йæ туг. Тарст уд æвдудон у — топпы фатау атах- тæн. Мæ фæстæ ма гæрæхтæ кодта, фæлæ цалынмæ мæ бон уыд, уæдмæ тахтæн, стæй æрхаудтон æмæ иу бæласы мæрайы бамбæхстæн. Сдзæбæх ныр мæ базыр. А р с. Уый бынтон æнæфенд, æрра цуанон куы уыд. Куыд систа марæнгарз сымахмæ?! Йæ амонд уыд æмæ æзуым нæ фæ- дæн. Кæд ыл искуы фембæлон, уæд дзы уæ маст кæй райсдзы- нæн, уый уæ уырнæд: ныцъцъæл, ныцъцъист, ныскъуыдтæ йæ кæндзынæн! Кæсæд ма исчи уыцы æнаккагмæ. Смæсты мæ код- та. Б и р æ г ъ. Куы уын загътон: се ’взæрты сын ныццæгъ- дæм. Р у в а с. Ацу æмæ йæ равзар, чи сæ у æвзæр. Алчи дæр йæхимæ хорз фæкæсы. Æвзæрты цæгьдынмæ хъавыдысты сæхæ- дæг æмæ се ’ппæты æвзæрдæр йæ хъама цыргь кæнын райдыдта. Ц æ р г æ с. Æз дис кæнын адæмыл. Ахæм миниуæг сæм бафиппайдтон: фыццаг сæхицæн æрхъуыды кæнынц зындзинæд- тæ, фыдæбæттæ, цæлхдуртæ, стæй уæд кусын райдайынц сæ аиуварс кæныныл. Уыдонæй фервæзтысты, уæд та сæхицæн æр- хъуыды кæнынц ног сæрнизтæ. Æмæ та ногæй ног фыдæбæттæ кæнынц. А р с. Ныууадзут ма уæ таурæгьтæ. Ныууадзут адæмы сæ- хи бар. Мæнæ нæхи кой кæнæм. Нæ циндзинад дарддæр кæнæм. Иумæ лæпп-лæпп кафт æркæнæм. Стæй уæд райдайдзысты еры- стæ зарынæй, кафынæй, тых æвзарынæй æмæ æндæр хъæзты- тæй. Æрцагъта музыкæ, зарынц, кафынц. Цин йæ тæмæны куы бацыд, уæд сæм цыма хæстæг бомбæ фехæлд, ахæм нæрд ныккодта. Иууылдæр акалды- сты зæхмæ. Фæздæгæй ницыуал зыны. Бæстæ дзолгъо-молгьо сси. Тыхдым- гæ. Чи кæугæ кæны, чи хъæрзгæ. Б и р æ г ъ. Бабын стæм, хæст райдыдта. Хъаймæт ра- лæууыд. Кæд ма удæгас стут, уæд уæлæмæ сыстут... Кæм и, кæм, 132
уыцы фæлитой, цæстфæлдахæг? Мæнгард уыдтæ æмæ мæнгар- дæй баззадтæ! 0, сæрхъæн, æнамонд, æнæсæрымагьз, уый циу?! Мæлæтимæ кæд федтай хъазгæ? 0, уыцы бомбæйы бын дæ сæр куы фæуыдаид. Р у в а с (тыххæйты рабадт). Нæ фæсайдтон... Хæрын уын ард Хуыцауæй: цы фехъуыстон, уый загьтон. Нæ сайын. А р с. Цæмæн бакодтай афтæ? Цæмæн дæ бахъуыд сайын нæ цины бон? Б и р æ г ъ. Кæй сайыс ды? Кæмæй кæныс хынджылæг? Гæбазгай дæ фæкæндзынæн ныртæккæ? Бирæгь Рувасыл йæхи ныццавта, йæ быны йæ аууæрста æмæ йæ мары. Р у в а с. Æллæх, мæлын, мæ уд схауы! Ма мæ амар, Хуы- цауы хатыр бакæн. Баууæнд мыл, мæн аххос нæу, нæ сайын. М а й м у л и. 0, дæу цы Хуыцау радта, уый дæлæмæ ’рхауа, кæд нæ фыдбылызæн нæ равзæрдтæ. Р у в а с. Фæдис! Мары мæ! Фервæзын мæ кæнут. Б æ л о н. Ныууадз æй цæй, цæуыл æй марыс. А р с. Хорз ын фæдæ, суадз æй ныр. /Егъгъæд уал ын фæ- уæд. Б æ л о н. Кæд нæ сайы, мыййаг, кæд æцæг фехъуыста зæрæдты ныхас. А р с. Зæхх ме ’вдисæн, цæмæндæр ыл ацы хатт æууæн- дын. Фæлæ уæд цы ’рцыди? Цæмæн та хæлынц бомбæтæ? Б и р æ г ъ. Нæй æууæнк, нæй æууæндæн никæуыл! Иууылдæр нæ сайгæ кæнынц. Чи у нæ марæг? Ахæм дзаджджын куывд фехал! Ц æ р г æ с. Не знæгты ссарæм æмæ сын сæ цæстытæ скъахæм. Р у в а с. Уыдон ахуыргонд адæм сты, академиктæ. Ерыс кæнынц фылдæр æмæ тыхджындæр хæцæнгæрзтæ æрхъуыды кæныныл. Гæдыхъæдау ризын фыр тæссæй. А р с. Ды ныхъхъус дæ! Дæуæн дзырды бар нæй. Уымæн æмæ дыл нæй æууæнк! М а й м у л и. Ацы хатт раст у Рувас. Æппæты стырдæр ахуыргæндтæ хъуыды кæнынц æппæты тæссагдæр хæцæнгæрзтæ. 133
Б и р æ г ъ. Мæнмæ иу фæнд ис: ссарæм сæ æмæ сын аскъуынæм сæ мыггаг, сæ кой, сæ хъæр, сæ хъæстæ куыд фесæ- фа. Р у в а с. Бынсæфт фæуæд нæ тæригъæдæй. Маймули. Нæсæ ссардзыстут. Æмбæхстæй сæ да- рынц. Сусæг рæтты аразынц сусæг фыдбылызтæ. Ц æ р г æ с. Кæм ма ис сусæгдзинад. Космосæй зæхмæ газеты кæсынц, судзины бын дæр уынынц. Уыдонæй исты басусæг кæндзынæ? Уыцы фыдгæнджытæн сæ кой рахъæр вæййы, куы амæлынц, уæд. Б и р æ г ъ. Цæгъдын сæ хъæуы, цалынмæ нæ бай- рæджы, уæдмæ! Уæлдай нын нал у, уæддæр мæлæт æмæ мæлæт. Хъаймæт нын чи цæттæ кæны, уый ссарæм æмæ дзы нæ тыппыр- тæ суадзæм. Б æ л о н. Цы сфæнд кодтат? Кæимæ тох кæнынмæ хъа- вут? Уæхи æнцад æруадзут, фæсмон фæкæндзыстут. Нæ хъæуы хæст, нæ хъæуы марын. Уæ масты фæдыл ма цæут. Ц æ р г æ с. Æз зонын, сæ сæйрагдæр, сæ тæссагдæр ахуыргонд кæм æмбæхсы, уый. Цомут мæ фæдыл. А р с. Иумæ æнгомдæр æрбалæууæм æмæ ард бахæрæм — иумæ кæй цæудзыстæм, кæй ссардзыстæм не ’фхæрæг, не знаг, нæ марæджы æмæ дзы кæй райсдзыстæм нæ маст, цæмæй хъаймæт ма ’рцæуа зæххыл. Иууылдæр иумæ: "Ард хæрæм". Б и р æ г ъ. Цомут, цомут! Райдайæм, базмæлæм, ма са- фæм рæстæг. Кæнæ æнцад цард, кæнæ мæлæт! Алчидæр сæ загъта: "Кæнæ æнцад цард, кæнæ мæлæт!" Ацæуынц. Æмбæрзæн. ДЫККАГ НЫВ Хъæдрæбын. Иунæг хæдзар. Кæрты аууондары бын стъол æмæ бан- дæттæ. Сценæйы иннæ кæрон бæласы бын фæлладуадзæн къæлæтджын бандон. Бæстæ сабыр. Хæдзары, кæрты змæлæг нæй. Хъуызгæ-хъуызтæ æр- бацыдысты сырдтæ æмæ мæргьтæ. 134
Р у в а с (ныллæг хъæлæсæй). Ссардтам æй, мæнæ йæ хæдзар. Ныр нæ къухты ис, нал аирвæздзæн. Б и р æ г ъ. Хæцæнгарз æм уыдзæн, æргом æм ма цæ- ут, уæхи дзы хъахъхъæнут. А р с. Уæхи уал æрæмбæхсут. Тагъд нæ хъæуы, ныр йæ уд нæ къухы ис. (Æрæмбæхстысты, фæлæ хæдзары хицау зынæг нæй). Р у в а с (ныллæг хъæлæсæй). Цæргæс, о, Цæргæс. Цу- ма, ды базон, хæдзары чи ис, цал сты. Ц æ р г æ с. Æ хинæйдзаг, дæхæдæг бацу, мæн цæмæн æрвитыс? Уæд та мæ фехста. Р у в а с. Ма тæрс, тæхынмæ рæвдз куы дæ, хъæды æр- байсæфдзынæ. Ц æ р г æ с. Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ саст базы- рæй махæн нæй цæрæн. Р у в а с. Цу-ма, цæй. Афонмæ фездæхтаис. Рудзынгæй бакæс, æндæр дзы ницы хъæуы. Ц æ р г æ с хъавгæ сыстад, хъуызгæ, ракæс-бакæсгæнгæ бацыд рудзынгмæ, мидæмæ кæсы. Ракаст Р у в а с м æ æмæ йын къухæй амоны, ома дзы ницы ис. Дуарыл бахæц æмæ мидæмæ бацу. Ма тæрс, мах ам стæм. Цæмæ ма лæууыс? Бацу мидæмæ. Сындæггай дуар байгом кодта, бацыд мидæмæ, фæстæмæ раздæхт. Ц æ р г æ с. Ничи дзы ис, фæлæ бæрæг у, цæрæг дзы ис: чингуытæ, гæххæттытæ, хæринæгтæ, лæджы дарæс, хуыссæн- тæ æмæ æндæр хæдзары дзаумæттæ. А р с. Рацу, æрæмбæхс. Хæстæг кæмдæр ис, æндæр йæ дуар гом нæ уаид. Ардæм æй хъæуы. Æнцад хуыссут, змæлгæ уæ мачи кæнæд. Нæ къæппæджы ис ныр. Цыбыр рæстæджы фæстæ æххæстæй заргæ æрбацыд фыссæг. Æвип- пайды йыл сæхи ныццавтой Арс, Бирæгъ æмæ Р у в а с æмæ йæ сæ быны аууæрстой. Нæ къухы дæ ныр! Дæ фыдмитæн æрцыд кæрон. Ф ы с с æ г. Цы хабар у? Цы кодтон? Цæй фыдгæнæг мæ хонут? Суадзут мæ! 135
Б и р æ г ъ. Фыдгæнæг ма уæдæ цы вæййы? Дæу аххо- сæй куы сæфы бæстæ! Б æ л о н. Ныууадзут æй, цы йыл ныккалдыстут? Тæригъ- æд у! Суадзут æй. М а й м у л и. Нæ хъæуы тагъд кæнын. Нæ къухты ис, кæдæм нын ирвæзы. Суадзут æй æмæ йæ бафæрсæм йæ хъуыд- дæгтæй, йæ митæй. Б и р æ г ъ. Нæ, нæ, уадзгæ нал! Цы ма йæ рафæрс-ба- фæрс кæнæм, гæды мыстæй куыд хъаза, уыйау? Ныммарæм æй æмæ фæци. А р с. Нæ, зыдыка, раст у Маймули. Байхъусæм, базонæм, цы йын кодтой адæм, мах, æрдз, цæуыл нæ цæгъды. Суадзут æй. (Суагътой йæ). Ф ы с с æ г. Æппындæр уын ницы бамбæрстон: цæй фыдгæнæг, цæй цагъды кой кæнут? Р у в а с. Йæхицæй ницы зонæг аразы. Сайынмæ нæ хъа- выс? Æз мæхæдæг кæй асайон, ахæм куы агурын. Радзур-ма радзур, мæлæтхæссæг мадзæлттæ цас æрхъуыды кодтай, дæ къухтæй цал цæрæг уды барвыстай мæрдтæм? Ф ы с с æ г. Нæ дæн æз ахæм лæг, сымах æндæр кæй- дæр агурут. Ц æ р г æ с. Æцæг, æцæг. Уый æндæр у. А р с. Ома куыд æндæр у? (Фыссæгæн). Зæгъ-ма нын, чи дæ ды, цы гæнæг дæ? Ф ы с с æ г. Æз фыссæг дæн. Ам хибар ран вæййын, фыссын цыдæртæ. Б и р æ г ъ. Цавæр фыссæг? Ды бомбæтæ хъуыдыгæнæг нæ дæ? Ф ы с с æ г. Нæ дæн, æз чингуытæ фыссын. Булæмæргъ. Уæдæ уый арвнæрдæй тыхджындæр цæй гæрах уыд? Мæ зарæг мын куы аскъуыдта æмбисыл? Ф ы с с æ г. Фæлвæрдтой та сæ ног хæцæнгарз не ’фсæдтæ кæмдæр. Р у в а с. Æмæ уыцы хæцæнгарз чи ’рхъуыды кодта? Кæй хъæуы? Цæмæн хъæуы? Цæмæй мах ныццæгъдой, уымæн, нæ? Ф ы с с æ г. Æз дæр ныртæккæ ууыл кусын, цæмæй зæх- хы къорийыл макуыуал уа хæст. Мæ чиныг дæр уыдзæн хæстæн- дзарджыты ныхмæ фыст. 136
М а й м у л и. Нæ уын загътон, фыццаг уал базонын фæхъæуы. Нæ фæрæстмæ уæ хъавд. Ф ы с с æ г. Æрбадут-ма, уæ хъуыды уын бамбæрстон — уый æнæрцæугæ диссаг куы у: сырдтæ, мæргьтæ, рацыдысты хæ- сты ныхмæ тохы. Мæ чиныгмæ йæ бахæсдзынæн æз æнæмæнг. Ц æ р г æ с. Мах тыхгæнæг не стæм, мах бæллæм сабыр цардмæ. Никæй хъыгдарæм æмæ нæ мачи хъыгдарæд. Ф ы с с æ г. Бæллын дæр хорз у. Бæллиц сыгъзæрин асинтыл фæцæуы, маргьы базыртыл фæтæхы. Р у в а с. Уæ зонд цæмæн фæци зыгьуыммæ? Кæрæдзи туг дойныйæн нуазут æмæ дзы тъæппытæ дæр ахаут, фæлæ мах ныууадзут нæ мæгуырыл. Б и р æ г ъ. Æнамонд боны равзæрдысты адæм. Хуыцау сæ мах фыдбылызæн сфæлдыста. Уæ митæм гæсгæ нал зонæм, цы уыдзæни, цы бæллæх ныл æрцæудзæн райсом. Цы ма кæнæм? Хур нæ судзы, хъызт зымæджы уазалы скъуыйæм, хъримаг æмæ нæ карды фындзæй марут. Цы ма нын кæнут? Хъуамæ дуне ин- нæрдæм рафæлдахат? Ф ы с с æ г. Адæм фыдгæнджытæ не сты. Адæм фæрн- джын сты, кад æмæ уарзты аккаг. Знагæн—знаг, хæларæн—хæлар. М а й м у л и. Уæдæ цæуыннæ зоны, йæ цард цыбыр кæй у, кæй райгуыры цæрынмæ. Мæлынмæ цæмæн фæкæны тагъд? Булæмæргъ. Рагæй дис кæнын, фæнды мæ базо- нын: цымæ цæмæй конд у адæймаг? Йæ хорздзинæдтыл зар æмæ зар. Афтæмæй та мадæлты кæуын æмæ хъарджытæ кæнын фæ- кæны. Ды дæр æй не ’мбарыс, Фыссæг? Ф ы с æ г. Цæмæй конд у, зæгъыс, адæймаг? Мæнмæ гæсгæ конд у цин æмæ мастæй, уарзт æмæ æнæуынондзинадæй, зарæг æмæ хъарæгæй, каконсындз æмæ дидинджытæй, хуры рухс æмæ æхсæвы тарæй, ныфс æмæ тасæй, зонд æмæ хъаруйæ, хин æмæ кæлæнæй, кад æмæ намысæй, марг æмæ... А р с. Æгъгъæд нымай. Адæймагæн базонæн нæй. Æцæ- гæй дæр тыхджын у, æнæбасæтгæ. Р у в а с. Мах та? Цы у нæ бон? Хуыцау нæ йæхæдæг аф- тæ сфæлыста, цæмæй лæмæгътæ æххæст кæной тыхджынты фæндæттæ. 137
Ф ы с с æ г. 0, уый афтæ у. Тыхæн æрмæст тыхæй ис басæттæн. Зын у лæууын йæ ныхмæ. Ам, хъæды бæлæстæм фæ- кæсын: тасын дзы чи нæ зоны, уыдоны асæттынц, кæнæ афæлда- хынц тыхдымгæтæ. Б и р æ г ъ. Æцæг у уый, сымах зæндцжын стут, хин æмæ кæлæнæй йедзаг. Сыдæй куы фæмæлæм, куы сфæлмæцæм нæ цардæй, уæ ныхмæ куы сфæнд кæнæм сыстын, уæд та нын ап- парут стæг. Мах ыл нæхи ныццæвæм æмæ йæ райдайæм æхсы- нын. Кæрæдзи дæр æхсынæм. Æрбайрох нæ вæййы нæ маст, нæ хъыг, нæ фæнд. Хорз мадзал ссардтат, цæмæй уæ ныхмæ ма цæ- уæм, хæцæм нæ дзыхтыл, уымæн! Ф ы с с æ г. Æппæт адæммæ уыцы æфхæрд нæ хауы. Бæргæ куы уаид афтæ — хур куынæ тавид æмхуызон дидинæг æмæ фаджысы. Иутæ нæ фæхицæн сты зæххæй, тæхынц бæр- зæндты. Фæлæ цыфæнды бæрзæндты куы тæхай, уæддæр дын зæхмæ æнæ ’рыздæхгæ нæй. Уыдон та сæхи, уæларвон цыма сты, афтæ фæдарынц. Р у в а с. Хорз хъуыды мæ сæры февзæрд. Зондджын сты адæм, разы дæн. Уæдæ ма ахæм хæцæнгарз æрхъуыды кæнæд æмæ æрмæст йæ аразæджы чи мара. Хæцæнгæрзтæ иууылдæр марынц æрмæст се ’рхъуыдыгæнæг, сæ аразæджы. Ф ы с с æ г. Уый гæнæн нæй? Р у в а с. Цæуыннæ? Сымах куы бафæнда, уæд сырддон цъиуæн хъазы айк æрæфтауын кæндзыстут. Ф ы с с æ г. Хæцæнгарз не ’взары хорзæй, æвзæрæй, мæлæтау тæригъæд нæ зоны. Уæд зонады дæсныдæр кусджытæй бирæ нал баззаид. Б и р æ г ъ. Тынг хорз! Уадз æмæ дзы иу дæр мауал уа, кæд цæргæйæ баззаиккам мах. Тагъддæр ма æрхъуыды кæнут ахæм мадзал. Б æ л о н. Уый дæр та марæн хæцæнгарз. Хъуамæ а-зæх- хыл мауал уа марджытæ, ма цæуа тугкалд. Уый у нæ нысан, нæ хæс, нæ балцы сæр. М а й м у л и. Хæстæндзарджытæ, хъалтæ, сæ хъал бон ныккалæнт, хæсты уыдон нæ мæлынц, мыййаг. Хæст сæм хъазæ- гау фæкæсы, цал царды ахæсдзæн йемæ, уый сæ нæ риссы; сæ бæллиц у хæст райдайын, хæст рамбулын. 138
Ф ы с с æ г. Тыхджыны йæ мондæгтæ суадзынæн æфсон фæхъæуы, тæппуд та йæ фадæттæй дæр æмбæхсгæ фæкæны. Иу æрра адæмты сызмæнты, рæзгæ талаты ныццæгьды, цардбæллон фæсивæд хæсты пиллон арты басудзы. Иу ран — хæст, иннæ ран — хæст, алы ран дæр туг лæсæнтæ кæны. Риссы мæ зæрдæ, то- ны мæ зæрдæ. М а й м у л и. Зæгъ-ма, фыссæг! Цымæ уый чи æрымы- сыд: адæм, дам, махæй, маймулитæй, равзæрдысты, зæгъгæ? Ф ы с с æ г. Ахуыргæндтæ уый рагæй дзурынц. М а й м у л и. Уый бынтон гæдыныхас у. Ф ы с с æ г. Уæдæ кæцæй равзæрдыстæм? Æвиппайды уæларвæй дæр куыд æрхаудаиккам, кæцæйдæр равзæрдыстæм. М а й м у л и. Æз æй зонын. Ф ы с с æ г. Зæгъ-ма йæ, уый диссаг уаид. М а й м у л и. Сымах равзæрдыстут хæйрæджытæй. 0, о! Хæйрæджытæй! Бауырнæд уæ, æз раст зæгьын. Æрмæстдæр хæйрæджытæй. Ф ы с с æ г. Цытæ дзурыс!? Уый хъуаг дæр ма уыды- стæм. Маймули. Нæдæ уырны? Уæдæ мæм хъус. Махæй, маймулитæй, сабырдæр, хæларзæрдæ, æнæмаст, æнæхъыгдаргæ цæрæгой дæр нæй зæххы цъарыл. Исты гæдыйæ зæгъын? Ф ы с с æ г. Нæ зæгъыс. М а й м у л и. Уæдæ махæй куы равзæрдаиккат, уæд сы- мах дæр мах хуызæн уаиккат, сабыр, хæлар, æнæмаст адæм. Фæ- лæ махæй нæ равзæрдыстут — сымах тугхор, тугмондаг стут. Сы- мах кæрæдзийы марут, цæгьдут. Раст бæтгæ æрратæ. Мах мыг- гагæй чи уа, уымæн ахæм уæвæн нæй. Сымах равзæрдыстут хæй- рæджытæй æмæ хæйрæджджынтæ дæр уымæн стут. Ф ы с с æ г. Дæ ныхæсты цыдæр хъуыды, цыдæр рæст- дзинад ис, кæд нæ тынг бафхæрдтай, уæдцæр. М а й м у л и. Рæстдзинад загътон, ма дæм кæсæдхъыг. Сымахæн цавæрдæр тызмæг, змæст удыхъæд ис. Булæмæргъ. Зæгь-ма, Фыссæг, мæнæн дæр: дзырды дæсны цæмæн фестут, мæлгъæвзаг? Цæмæй фæзылын кæнат расты, зылыны та скæнат раст? Æрмæстдæр уый тыххæй? Ф ы с с æ г. Сæттын ыл, ис нæм ахæмтæ дæр. Бирæ. Сæ 139
цард дзæгъæл дзырдыл фæвæййы æмæ сын хорздзинад кæны- нæн нал вæййы рæстæг. Булæмæргъ. Уæдæ уымæн афтæ фæдзурут: дзых- джын — бæхджын, æнæдзых — фистæг? Хуыздæр ма цы уа уымæй. Ф ы с с æ г. Дзыхджынæн сæфæн нæй: донæй рагæпп кæны хусæй, арты нæ басудздзæн, кард æй нæ кæрды. Æнæдзых мæгуыр у, фесæфы рæстæй. Хъаруйæ, зондæй дыл куы тыхджын кæна исчи, уæддæр дыл хъуамæ дзыхæй мачи фæтых уа. 0, уый ном кадцжын у нырма. Р у в а с. Уæдæ мæ халдих куы фестут сымах дæр. Б и р æ г ъ. Рæйынæй хæдзæрттæ аразæн куы уаид, уæд куыйтæ галуанты цæриккой. Уæ фыдбылызтæй бæстæ бабын, ду- нетæ æддæг-мидæг ауадысты, сæ сæртыл хъен слæууыдысты. Æгæр дард уæ акодтой уæ сæрхъæн митæ. Тæрсын, куынæуал дзы уа баздæхын уæ бон фæстæмæ. Ц æ р г æ с. Денджызты бын мингай наутæ дзæгъæлы куы ’мбыйы: сисут ма сæ, мауал сафут уе стыр фæллой дзæгьæ- лы. Æниу сæ дæлдон дæр уæхæдæг фæкодтат. Æвгьау уæм нæ кæсынц? Æз фенын, цас адæм дзы фæвæййы кæсæгтæн хæринаг. Ф ы с с æ г. Уæ ныхæстæ, уæ уайдзæфтæ фыссын мæ- химæ. Кæд мæ фæцæй мардтат, уæддæр нæ фембæлд дзæгьæ- лы нæ фæци. М а й м у л и. Хуыцау уæ радта цæрынæн æмæ цæрут уæхицæн, ничи уæ хъыгдары. Мах дæр Хуыцау цæрынмæ радта æмæ нæ цæрын фæнды. Сымах та нæ цæгьдгæ кæнут уæ бомбæ- тæй, уæ атомтæй, уæ химитæй. Уый дæр уæм æгьгъæд нæ кæсы æмæ нын нæ уæлдæф, нæ дон, нæ хæринæгтæ маргæй байдзаг кодтат. Сулæфын нал у нæ бон. Суанг ма нæ буар дæр байдзаг уæ маргæй. Р у в а с. Адæймаг диссагу æцæгдæр, нæй йын базонæн. Куы ничи дæ нæмы, уæд дæхæдæг дæхи цæмæн нæмыс? Куы ни- чи дæ мары, уæд дæхæдæг дæхи цæмæн марыс? Б æ л о н. Ницы ис зæххыл хуыздæр сабырдзинадæй. Са- бырдзинад буц даринаг у. Сбуц æй кæнут, хорзæй уæм цы ис, уымæй: цæхх æмæ кæрдзынæй, рæсугъд зарæгæй, уæздан каф- тæй, уардиты баст æмæ сæууон хуры тынтæй, сабиты кæл-кæл 140
худт æмæ уарзæтты цинæй. Æнæ кусгæйæ хорз цæрæн куыд нæи, афтæ сабырдзинад дæр æнæ фыдæбонæй нæ вæййы. Кусын ыл хъæуы æнæсцухæй. Ц æ р г æ с. Кæннод æгьатыр мæлæт цыргь дары йæ дæндæгтæ, райсдзæн йæ цæвæг. Ф ы с с æ г. Паддзæхтæй алчи дæр хъавы уæлахизмæ. Фæлæ куы срæмудзой иууыл хæцæнгæрзтæ, уæд дзы нал уыдзæн нæдæр уæлахизуæвæг, нæдæр састы бынаты баззайæг: иууыл- дæр æмхуызонæй æмсæфт фæкæндзыстæм. Б æ л о н. Нæй, нæй, уымæн бауадзæн нæй! Стырæй чы- сылмæ сыстæм йæ ныхмæ, ма ’руадзæм дунетыл хæст! Баууæн- дæм, бауарзæм иууыл кæрæдзи. А р с (Фыссæгмæ). Хорз уыд, дæуимæ кæй фембæлды- стæм, уый. Иу гыццыл дæ кæй аууæрстам, уый нын ныххатыр кæн. Б и р æ г ъ. Цин кæнæд, ’гайтыма удæгас баззади. Уый дæр аххосджын у, уымæн æмæ адæмæй у. Цæмæн уадзы аразын хæцæнгæрзтæ? Иууылдæр маринаг сты, уымæн æмæ иууылдæр марджытæ сты. А р с (Фыссæгмæ). Мæсты йæм ма кæн, Бирæгъ Бирæгь у, йæ кæнон нæ уадзы. Мах та цæуын хъæуы. Нæй нын æнæ ссар- гæ уыцы тызмæг лæгты. Иугай сыл хъуамæ фæзилæм. Хъуамæ сæ базонæм — чи у нæ марæг. Немæ куы рацæуис, уæд нын тынг æх- сызгон уаид. Демæ æнцондæр у, хорз дзурыс. Бахъары зæрдæмæ дæ ныхас. Разы дæ немæ? Цæуыс? Ф ы с с æ г. Æнахуыр диссаг у уæ балц, уæ фæдис. Разы дæн, цæуын уемæ. Ахæм балц нæма уыдис зæххыл. А р с. Тынг хорз! Æхсызгон нын у дæ ныхас. Цомут уæдæ иумæ! Ссарæм не знæгты! Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ НЫВ Фæлладуадзæн парк. Кусджытæ Уано, Иуане æмæ П е т к а кусæн дарæсы. Ис сæм кусæнгæрзтæ: джиркъатæ, дзæбугтæ, бæндæнтæ, уæзисæн къран æмæ æндæртæ. Парчы ис раздæры паддзæхтæн цыппар-фондз цыртдзæвæны бæрзонд бындуртыл æвæрд. Кусджытæ сæ ха- лынц. Иу уал дзы раппæрстой: йæ гуыр ын бындуры фарсмæ æрæвæрдтой. 141
У а н о. 0, Хуыцау. Ныххатыр нын кæн. Зæхх не ’вдисæн — нæ куымдтам халынмæ, нæ къух нæ тасыд. Мах халджытæ не стæм. Мах кусæг адæм, цардаразæг, уæд нын цæмæн бабар код- той ахæм тæригьæддаг куыст? (Йæ къухтæ раздарæныл сæрфы. Æрбадт). Иуане, Петка! Æгьгъæд уал уæд, иу гыццыл абадæм, аулæфæм. И у а н е. Уымæй дæр раст зæгьыс, Уано. Пайдайаг куыст куынæ кæмæм, мыййаг. Лæгæн йæ куыстмæ йæ зæрдæ куынæ райа, уæд фæллайгæ дæр тагъддæр кæны. П е т к а. Æмæ, дам, сæ бон ницы саразын у нæ хицауа- дæн. Уый раст нæу. Уыйас дынджыр бæстæ бабын кæн цыбыр рæстæгмæ, уымæн гыццыл тых хъуыди? У а н о. Уый раст у. Иутæн хъæздыгдзинадæй сæ тæр- хæджытæ бынмæ æртасыдысты, иннæтæн та афтидæй хæрдмæ скъуыпп сты. Трибунæтæ — се ’дзаг, дуканитæ — афтид. Æдзæл- лагдзинæдтæ исчи куы ’лхæнид, уæд махæй хъæздыгдæр зæххыл нæ уаид. Искуы дæр ма ахæм бæллæх æрцыд: кусгæ ничиуал кæ- ны — иууылдæр дзурынц, куыд кусын хъæуы, ууыл. И у а н е. Уæдæ. Æцæг бæллæхы фестæм. Раздæр-иу адæм хорæрзадыл куыстой, хорæрзадмæ æнхъæлмæ кастысты. Ныр та — съездтæ æмæ сесситæм. Хъæлæс кæнын æмæ къухты æмдзæгъдæй куыстмæ нал æвдæлы. Кæддæр тыхæй, хъаруйæ æвзæрстой лæгдзинад, ныр та — дзыхæй. Дзæгьæл дзæнгæдайæ адæмы фервæзын кæн, — уæд уый фыдбылызæй фервæзæгау у бæргæ. П е т к а. Ис сæм, бирæ ис нæ хицауадмæ тых æмæ хъа- ру. Цæмæй æххормаг адæймагæн бауырнын кæнай æфсæст дæ, зæгъгæ, уымæн тынг стыр тых, стыр курдиат хъæуы. Æмæ сæм ахæм курдиат разынд. У а н о. Уый раст у. Хорз, хъæздыг цæрын алкæйы дæр фæнды. Æрмæст мах хорз цæрын фæнды æнæ кусгæйæ. Уымæн та уæвæн нæй, дæ кад æмæ дæ намыс куынæ баивай æлгьаг, мæнгард, къæбæлдзыг митыл, уæд. И у а н е. Цæй, бæстæ сабыр уæд, æндæр та кæд исты- тæ кæниккам. Афтæмæй дæр нын Хуыцау æнцад цард радтæд. П е т к а. Дæ цард дæм хорз кæсы, уымæн æмæ иннæтæ куыдцæрынц, уый нæ зоныс. 142
У а н о. Уый раст у, Петка, фæлæ мæнæ кæй цыртдзæ- вæнтæ халæм, уыцы паддзæхтæй йæ алчидæр йæхимæ гæсгæ хорз арæзта. Йæхимæ гæсгæ адæмы хорздзинадыл тох кодта. И у а н е. Ныр сæ тох фæци, мæгуыр. Цæмæй зыдтой сæ мард, сæ ном хынджылæггаг фæуыдзæн. П е т к а. Мур тæригьæд дæр сын æз нæ кæнын. Хорзæй нын цы фесты? Куыстхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ æгуыстæй иунæг бон дæр нæ фæбадтæн. Æнцад бадын фæразгæ дæр нæ кæнын. Мæ уарзон куыст æндæр куыстæй нæ ивын. Мæ куыстæн мын йæ зынтæ дæр æхсызгонад фæдæттынц. Кадджын, дам, у ду- рамайæджы куыст. Æз æй уарзын, кадджын уа, æгад уа, уæддæр. У а н о. Уый раст у. Куыстуарзон дæ. Дызæрдыг дыл куы ничи кæны, Петка. П е т к а. 0, куыстуарзон дæн æмæ цы пайда ис мæ куыстæй? Мæ бинонты рæстмæ куы никуы бафсæстон хæринагæй уа, дарæсæй. Мæйæ мæймæ æнхъæлмæ кæс дæ мыздмæ. Æмæ дын уымæй дæр балхæнынмæ ницы ис. Афтæмæй мæ куыд кусын, куыд цæрын кæнут дарддæр? И у а н е. Иунæг ды нæ дæ ахæм уавæры. Ацы паддзæх- ты аххос æй ма кæн. Уыдонæн сæ тох уыди рухс фидæныл. П е т к а. Нал мæ хъæуы уыцы рухс фидæн. Мæн рухс абон хъæуы, æмбарыс, Иуане, рухс абон! Фæсарæнты мæ хуызæн кусæг цалдæр мæйы мыздæй машинæ балхæны. Мæнæн мæ мызд хæрыны фаг нæ кæны. Цæуыннæ уæд? Цы Хуыцау мæ рал- гьыста? Цæуыннæ ис æмхуызон аргъ нæ куыстæн фæсарæнты уа, ам уа? Кæд æмхуызон кусæм, уæд æмхуызон мызд цæуыннæ исæм? Уыдон дæр мæнæй уæлдай уæлбикъонтæ куы не сты! Нæ- æ, уыдон иууылдæр ацы паддзæхты аххос сты! Раст тæрхон сын рахастой! Райдайæм кусын! Тагъддæр сæ раппарын, ныппырх кæ- нын хъæуы! У а н о. Уымæй нæ цард куы фæхуыздæр уаид, бæргæ. Цы рамбулдзыстæм, уый бæрæг нæма у. Дымгæ арты цырын дæр кæны æмæ хуыссын дæр. И у а н е. Цæй хорз, æгъгьæд фæуæд быцæуæн. Райдай- æм, райдайæм, паддзæхтæ нæм æнхъæлмæ кæсынц. У а н о. Уый расту. Æгæр арф бавнæлдтам. Дзурынæй ку- сын хуыздæр у. Бавналæм та. 143
П е т к а. Бавналæм та, бавналæм. Æгæр бирæ сыл са- фæм нæ рæстæг. Райдыдтой кусын. Райхæлдтой та дзы иу цыртдзæвæн. Иуцасдæр куыстой æнæдзургæйæ. Райстой та дзы иуæн йæ гуыр зæхмæ. У а н о. Хъуыды ма кæныс, Иуане, ацы парк раздæр цы хуызæн уыд, уый? И у а н е. Куыннæ, куыннæ, Уано. Амæй нын уарзондæр бынат нæ уыд. Дзæгъæл цæуæг æм нæ уагьтой. Цас дзы уыд бæ- лæстæ, дидинджытæ, нæудзарм, будтæфгæнаг къудзитæ, аразгæ цадтæ æмæ сакъадæхтæ. Дзæнæты ран уыд ам, дзæнæты. П е т к а. Æмæ ныр цы фесты уыдон? Æз дзы ахæмæй куы ницы уынын. У а н о. Уæд æм лæвар цæуыны бар нæ уыд. Ныр æй алы хицау дæр йæхимæ гæсгæ аразы æмæ дзы ницыуал баз- зад. Асфальт, æрмæст æй асфальт кæнынц. Уымæ зилын нæ хъæуы. П е т к а. Æрдзы рæсугъддзинад сафынмæ махæй дæс- ныдæр не ссардзынæ. Æрдз нæ радтæг, нæ дарæг у, мах та йæ пырх кæнæм, халгæ. Сыгъдæг уæлдæф æлхæнгæйæ дæр нал ссардзынæ. У а н о. Парк ныр расыггæнджытæй, наркомантæй, такси- комантæй æмæ æндæр алыхуызон хъылматæй байдзаг; æдасæй дзы абадæн дæр нал ис. И у а н е. Кæцыдæр бæстæйы, дам, уыцы сæфт адæмы ауындзгæ кæнынц. П е т к а. Махмæ уый гæнæн нæй. И у а н е. Цæуыннæ? П е т к а. Уый бæрц ауындзæнтæ кæм ссардзынæ? У а н о. Петка, иу фарста дæм радтон? П е т к а. Цыдæр зыгьуыммæ фарста дæм фæзынди. Зæгъ-ма йæ, зæгъ. У а н о. Райсом уардзæн æви нæ? П е т к а. Кæнæ уардзæн, кæнæ нæ. У а н о. Уый раст у. Фæлæ бæлвырддæр та? П е т к а. Бæлвырд æй, боны хъæд чи бæрæг кæны, уыдон куынæ зонынц. 144
У а н о. Ды нæ зоныс, фæлæ цавæр рæстæг уыдзæн, уый тынг хорз фæзонынц сырдтæ, мæргътæ, хæдзары фос, суанг ма зайæгойтæ дæр. П е т к а. Ныууадз дæ аргьæуттæ. Адæмæй сæ зонд- джындæр фæкодтай. Худæг дæ, Уано. У а н о. Уæллæй, нæ хъазын. Кæд дæ нæ уырны, уæд æр- байхъус. И у а н е. Мæн уырны бæгуыдæр. П е т к а. Зæгъут ма дзы мæнæн дæр исты, кæд сырдты фæрцы исты бамбарин æз дæр. (Худы). У а н о. Изæрыгон фос кæрдæгыл зыдæй куы хизой, уæд къæвдайæн æнæ уæвгæ нæй. Кæнæ зæрватыччытæ бæрзæндты куы тæхой, мигътæ доныл ныллæг куы бадой, уæд уый та хорз рæ- стæджы нысан у. И у а н е. Æз дæр ма дзы зæгъдзынæн. Хуытæ хуыдæт- тæм сæ дзыхы хъæмп куы хæссой, уæд хъызт рæстæг уыдзæн. Арвыл стъалытæ тынг тыбар-тыбур куы кæной, уæд рæстæг фев- зæрдæр уыдзæн. У а н о. Хъом разгьор-базгьор куы кæной, куыдз йæ къæх- тæй зæхх куы къаха, кæсæгтæ доны сæрмæ куы гæпп кæной, уæд дыккаг бон къæвдамæ æнхъæлмæ кæс. П е т к а. Диссæгтæ. Æмæ йæ уæд зайæгойтæ та куыд æмбарынц? Уыдон дæр ратæх-батæх фæкæнынц? У а н о. Бæрз бæласæй бирæ дон куы кæла, уæд къæв- даджын сæрд уыдзæн. Дидинджытæ уæлдай тынгдæр будтæф куы кæной, уæд къæвда хæстæг у. Æхсæв кæрдæгыл æртæхне ’рха- уди, уæд уый къæвдамæ цæуы. И у а н е. Дæу ницы уырны, Петка, фæлæ ма дын æз цъи- уты тыххæй иу æмбисонд æрхæссон. Цъиутæ ахстон хæдзары кæ- нæ бæласы хурварс куы аразой, уæд уыдзæн уазал сæрд. Кæд аууонырдыгæй аразой, уæд та уыдзæн хъарм сæрд. П е т к а. Мæнæ диссæгтæ. Лæг цы нæ фехъусдзæн. Ау, цъиутæ дæр та махæй зондджындæр сты? Уæд нæ Хуыцау цæмæн радта, цæмæн нæ сфæлдыста? У а н о. Æрдз дзæгьæлы ницы сфæлдыста. Æрдз кæй радта, уыдонæй чи нæ хъæуы, ахæм дзы нæй. Алкæмæн дæр дзы ис йæхи нысаниуæг, йæхи миниуджытæ, йæхи цард. Æз арæх 10 Царды хос 145
фæхъуыды кæнын мигьтыл. Фыццаг бакæсгæйæ цы сты? Ницы, дымгæ сæ расур-басур кæны. Фæлæ сæм лæмбынæг æркæс, уæд хуымæтæг не сты. П е т к а. Уыдон дæр та адæмæй зондджындæр ма уæнт? У а н о. Ды хъазгæ кæныс, фæлæ арвæрттывд, арвнæрд, арвы æгъатыр, мæлæтдзаг цæфтæ кæцæй цæуынц? Кæнæ цард- дæттæг сойджын къæвдатæ? Мигьты фæрцы нæ хур нæ судзы, аууондар нын сты, æндæр бæстæ басудзид судзгæ хур. Куы смæ- сты уой, уæд тæссаг сты, дæхи сæ хъахъхъæн: бон æхсæвау атар кæнынц, ахæм их нызгъалынц æмæ де знаг йæ быны фæуæд. Нæ- æ, хуымæтæг не сты мигьтæ. Æнæ мигьтæ дæр нæй цæрæн. Æмæ дын æй уымæн дзурын — æрдзы алцыдæр хъæугæ кæны, алцыдæр дзы ис йæ бынаты. Халын æй нæ хъæуы. И у а н е. Цæй, улæфынæн — æгьгьæд. Нæ куыст та кæ- нæм дарддæр. Абон сæ фæуæм. П е т к а. Хъус-ма, Уано, цæмæй дæ бафæрсынмæ хъа- вын. Зæгъын, ды уæддæр гыццыл ахуыргонддæр дæ æмæ йæ зондзынæ. Радиойы, дам, дзырдтой, цыма иу лæг мæрдты ’гас кæныныл кусын райдыдта. Уый æцæг уа, æви та дам-думтæ сты? Бæгуы хорз уаид. У а н о. Ды та, Петка, алцæуыл дæр æууæндгæ кæныс. Мæ хъустыл дæр æрцыд, фæлæ уымæй ницы рауайдзæн. Стæй сæ ницæмæн хъæуы æгас кæнын. Рухсаг уæд, дзæнæты бадæд. Мачи сæ хъыгдарæд. П е т к а. Цæуыннæ сæ хъæуы æгас кæнын? Хъæуы сæ! Уадз æмæ цæрой. Хабæрттæй сæ фæрсиккам, уым та цард куыд у, зæгъгæ, Мæрдты бæсты. Дæумæ та куыд кæсы, Иуане? И? И у а н е. Цытæ дзурыс, Петка? Ацы цардмæ ма дын ис- чи фæстæмæ здæхы? Куыннæ стæй, æниу ма сын фидгæ куы кæ- нис. Уыдон цин кæнынц, кæй фервæзтысты сæ хъизæмæрттæй. Куыд фæзæгъынц: æвзæр сын куы уаид, уæд нæм сæ афонмæ ис- чи зынид. Уым æнцад-æнцойæ цæрынц, ам та мæгуыр æмæ тæс- саг цард, чи йæм бабæлдзæн? У а н о. Уæдæ, уæдæ. Ахæм ма дзы æнамонд рæстæг æр- цæугæ уа, уынгты изæрыгон ацæуæн нал ис — бæстæ хыл, гæрах свæййы. Æргом афистæг кæнынц адæймаджы къæрныхтæ. 146
П е т к а. Æмæ куыннæ кæной алы фыдмитæ, дæлæ æнæхъæн бинонты цалдæр азы размæ чи ныццагъта, уыдон абон дæр ма куынæ сбæрæг сты. И у а н е. Раздæр-иу Техасы æмбисондæн хастой, ныр махмæ фæфыддæр сты стигъынмæ, марынмæ. Фæсивæд хæлынц бынтондæр. Афтæмæй сын "ма кæн"! зæгьæг нæй. У а н о. Ноджы ма ныл иу бæллæх æрцыд. И у а н е. Цавæр бæллæх та у? У а н о. Адæмты кæрæдзиуыл сардыдæуыд, нал ис се ’хсæн раздæрау хæлардзинад. Райстой хæцæнгæрзтæ æмæ сы- хаг сыхаджы мары, кæрæдзи сæфтмæ æнхъæлмæ кæсынц. Иугай ныйисты. Туг лæсæнтæ кæны. П е т к а. Чи сæ ардауы кæрæдзиуыл, уый чи у? Адæмы размæ йын ракæнæн нæй? У а н о. Сæхи æмбæхстæй дарынц, æнцон базонæн не сты. Адæмæн сæ фылдæр знæгтæ сæхи афтæ февдисынц, цыма сын уыдонæй хæлардæр, уарзондæр, зынаргъдæр никуы ничи ис. Худгæ-худын сæ барвиты мæрдтæм, цæмæй сæ сау фæндтæ сæ къухы бафтой. П е т к а. Раппарын хъæуы нæ хицауады, науæд бынтон сæфт кæнæм. Кад сæ куы нæуал ис, хъусгæ сæм куыничиуал кæ- ны, уæд ма бынæттæ цæмæ хъуамæ ахсой? Сыстæм ма, сыстæм нæхæдæг сæ ныхмæ. Адæм стыхстысты ацы фыдцардæй, сыст- дзысты иууылдæр немæ. Афтæ кæдмæ ис быхсæн? У а н о. Нæ, Петка, сæ раивынæй цард куы фæхуыздæр уаид, уæд бæргæ сразы уаин демæ. Фæлæ та ноджы куы фæфыд- дæр уа нæ цард. П е т к а. Амæй ма фыддæр цы вæййы?! Æхсæвæй-бо- нæй кусæм æмæ нæ бинонты фæдарын нæ бон нæу. Иутæ хъæз- дыгæй-хъæздыгдæр кæнынц, милуанджынтæ систы, мах та мæ- гуырæй-мæгуырдæр. У а н о. Се ’нæсæрфат митæ, се ’нæбондзинадæй æф- сæрмы дæр нал кæнынц. Радзурынц та: уым хæцæнгæрзты скълад фæдавтой, уым снарядты скълад срæмыгътой, давынц ал- цыдæр, суанг ма танктæ, хæдтæхджытæ, бомбæтæ дæр. И у а н е. Омæ милицæ, æфсад цы кусынц? Æппын сæм хъару нал ис? Закъон закъон нал у? Фæстагмæ сын сæ фындзы 147
бынæй раласдзысты ядерон ракетæтæ æмæ сæ ратдзысты саби- тæн хъазынмæ. У а н о. Хорз хъазæнтæ сты, уæлдайдæр наркоманты къу- хы куы бахауой, уæд. Ис хицауæй æнæхицау бæстæ. И у а н е. Алцæмæй дæр тыхст æмæ уырыд. Ахæм ма дзы хъаймæты рæстæг æрцæугæ уа? У а н о. Цæй, акусæм та, нæ хицау нæ ныхæстæ кæнын- мæ нæ рарвыста. П е т к а. Чи у, чи, нæ ног хицау? Йæ ном та цы хуыйны, йæ ном? У а н о. Нæма йæ базыдтон. Уыдоны дæр бонæн ивд кæ- нынц æмæ... И у а н е. Афтæмæй кæй аххосæй сæфтмæ цæуæм, уый бæрæг нал ис: алчи дæр сæ аххосджын фæкæны, йæ размæ чи куыста, уыдоны. Дзуапп радтæг нæй. У а н о. Акусæм, акусæм. Мах сæ нæхæдæг æрдомдзы- стæм дзуапп. Ссардзыстæм сæ, кæдæм нын ирвæздзысты? Æмæ уæд сар сæ сæр кæндзæн. П е т к а. Бавналæм, бавналæм. Лæг иу гыццыл йæ тып- пыртæ куы суадзы, уæд та йын кæмдæр фенцондæр вæййы. Нæ бон сыл куы цæуид бæргæ. Æз сын ахæм митæ бакæнин æмæ йæ цæрæнбонты сæ зæрдыл куыд дарой. У а н о. Халæм та уæдæ, халæм. Аразынæй халын æнцон- дæр у. П е т к а. Арæхстгай сæм æвналут. Фæсхохы, дам, дзы иу егьау цыртдзæвæн æхсæвыгон куы раппæрстой, уæд, дам, дзы цалдæр лæджы фæмард. И у а н е. Цы лæгтæ уыдысты, цы лæгтæ! Бæстæ сæ æм- ризæджы рызти. Сæ бартæ, сæ хъару, сæ тых, сæ ныфс æмæ сæ тас æгæрон уыдысты, æгæрон. Алчи йæ бынат зыдта. П е т к а. Паддзæхтæ хорз уой, æвзæр уой, уæддæр сæ дарын, сæ фыдæбон махмæ кæсы. У а н о. Уый раст у. Сæ дарæг мах стæм, фæлæ нын се ’ппæт аргъ кæнын нæ зонынц. Нымады дæр сæм нæ вæййы кусæг лæг. И у а н е. Махæн паддзæхтæй фервæзæн нæй. Сæ мæр- дтæ дæр нæ уæгьд нæ уадзынц. Æххуырсты куыст сын кæн цалын- 148
мæ цæрой, уæдмæ. Стæй сын цыртдзæвæнтæ араз, стæй сæ фæстæмæ райхал. У а н о. 0, уымæй раст зæгъыс, фервæзæн сæ нæй. Иуы дзы раппарæм — иннæ йæ бынаты ’рбады. Мæнæ аргъæутты куыд вæййы — залиаг калмæн йæ авд сæры дæр куы акъуырай, уæд- дæр та йыл ногæй разайдзысты. П е т к а. Цæй, аулæфæм та, тамако бадымæм. И у а н е. Нæ, æххæст æй раппарæм. Нæ куыст куы фæ- уæм, уæд баулæфдзыстæм. У а н о. Цы тагьд кæныс, Иуане? Уадз æмæ ма нæ буц паддзах йæ кадцжын бынаты алæууа иу гыццыл, акæса, афæлгæ- са. Хæрзаг зæгьы: цы уыдтæн æмæ цæмæ ’рхаудтæн. П е т к а. Ныр куы райгас уаид. Куы рхизид дæлæмæ, куы бацæуид æмæ куы ’рбадид йæ къæлæтджыныл. И у а н е. Цытæ дзурыс? Бирæтæ зæрдæхъæрмттæ фæ- уаиккой, цавддуртæ фестиккой. У а н о. Уый раст у. Удыгас ма куы уыдысты, уæд сæм дзу- рын нæ — фæкæсын дæр ничи уæндыд. Сæ койæ, сæ аууонæй дæр сын æмризæджы рызтысты. П е т к а. Æлдар фыдлæг у, мæлын кæй фæнды. И у а н е. Тыхджын удыхъæд кæмæн уыд, уыдон никуы ни- кæмæй тарстысты. У а н о. Уый раст у. Фæлæ та-иу сын паддзæхтæ акъуыр- дтой сæ сæртæ. И у а н е. Уæддæр æгады цард сæ сæрмæ не ’рхастой, уый фæлтау райстой мæлæт. Æмæ сыл абон адæм кады зарджы- тæ зарынц. Æнæдзургæйæ райдыдтой кусын. Æристой та дзы иу цыртдзæвæн, æрфæлдæхтой йæ зæххыл. Бацыдысты иннæмæ. П е т к а. Ныххатыр кæн ды дæр, нæ буц паддзах. Ныр та дæ рад у. Цы бакæнæм, дæхи аххос у, мах аххос дын нæу. И у а н е. Бæргæ нæ нæ фæнды дæ раппарын, фæлæ бардзырд æххæст кæнæм. Бардзырдæн та, дæхæдæг зоныс, æнæххæстгæнгæ нæй! У а н о. Уый раст у. Мах аххос нæу, фæлæ... 149
И у а н е (Фæзмæгау). "Уый раст у. Уый раст у!" Куыд раст у? Мах дæр адæймæгтæ стæм, лæгтæ, кусæг адæм. Цыдæр бартæ нæм ис. Роботтæ не стæм, мыййаг! У а н о. Уый раст у, фæлæ мæ дзурын нал бауагьтай. Мах нæ хæс æххæст кæнæм. И у а н е. Æмæ дæм раст кæсы, кæй сæ халæм, уый? Раст нæ иумæ дæр нæ кæсы! Фæлæ уæддæр халæм, халæм, ха- лæм! Цæмæн, кæй пайдайæн?! П е т к а. Мæнмæ раст кæсы. Ахæм у нæ цардарæзт. Ар- гьуантæ фæарæзтам, стæй сæ уæд фехæлдтам. Ныр та сæ ногæй аразæм. У а н о. Уый раст у. Кæд мемæ сразы уат, уæд мæм иу хорз хъуыды ис. И у а н е. Зæгъ уал æй, стæй хорз хъуыды у æви нæ, уый дын мах зæгъдзыстæм. У а н о. 0, уый раст у. Чи зоны нæ аргьуанты хал ахæрой ацы цыртдзæвæнтæ. П е т к а. Чи зоны. Халонау ме уæны нæ кæсын. Мыййаг та иннæрдæм куы ныззила нæ цард. У а н о. Æмæ кæд, мыййаг, афтæ уыдзæн, уæд та сæ кæй хардзæй араздзысты ногæй? И у а н е. Цыма йæ нæ зоныс, — нæ хардзæй. У а н о. Тынг раст зæгьыс, Иуане, нæ хардзæй. Ис иу мадзал, цæмæй нæ хæрдзтæ райсом къадцæр уой, уымæн. П е т к а. Зæгъ-ма йæ цæй, цы йæм дæрдтыл цæуыс? Нырма нæ кусын хъæуы. У а н о. Уый раст у. Зæгъын æй цыбырæй. Ацы "паддзæх- ты" пырх кæнын нæ хъæуы. Хорз сæ батухæм истæмты æмæ сæ афтæмæй баныгæнæм. Аргьуанты хал куы ахæрой, уæд та сæ сисдзыстæм. И у а н е. Æмæ цы мæнг зæгьыс. Сæ пырх кæнын дæр уæлдай фыдæбон у. П е т к а. Цæй уæдæ æххæст æрисæм ацы хорз лæджы дæр æмæ сæ уый фæстæ баныгæндзыстæм, кæд уæ афтæ фæн- ды, уæд. У а н о. Уый раст у, фæлæ ма уартæ кæсут. Æнæрцæугæ диссаг! Æрбабырсынц сырдтæ. 150
И у а н е. Цытæ дзурыс? Ам, парчы цæй сырд ис? П е т к а. Æцæг, æцæг, нæ сайы. Æрбахæццæ сты. Хæ- цæнгарз дæр нæм нæй. Цы кæнæм? И у а н е. Тагьд уæлæмæ схизут! Алидзæн нын нал ис. (Схызтысты цырты бæрзонд бындуртæм æмæ уым æнæзмæлгæ, æнæдзургæ цыртдзæвæнтау лæууынц. Æрбахæццæ сты фæди- сæттæ). Р у в а с. Ам чидæр уыд. Ам чидæр кусы. А р с. Уæдæ кæм ис? Змæлæг дзы куынæ ис. Ф ы с с æ г. Кæсут ма мæнæ (Амоны зæххыл фæлдæхт цыртдзæвæнтæм) — раппæрстой нын нæ паддзæхты цыртдзæ- вæнтæ. Ц æ р г æ с. Кæсут ма уæлæ — удыгас цыртытæ. (Амоны кусджытæм. Иууылдæр уыдоны ’рдæм фесты, лæбурынц сæм). Б и р æ г ъ. Æрхизут тагъд, мæлæтхæссæг фыдгултæ. Ныр та уæхи рад у мæлын. Ф ы с с æ г. Фæлæуут! Мачи сæм æвналæд! Мæхи бар ма сæ бауадзут гыццыл. А р с. Фæйнæрдæм алæуут! Байхъусæм уал нæ фыссæг- мæ. Б и р æ г ъ. Никæмæуал хъусæм. Нал кæндзыстæм радзур-бадзур — маргæ, тагьддæр маргæ, Михал, рафæлдах ма сæ бындзарæй, стæй сæ мах бар уадз. А р с. Æз, загьтон, байхъусæм уал фыссæгмæ! Уæлдай ныхас дзы нал ис. Тæрхон сын кæндзыстæм иумæ. Ф ы с с æ г. Æрхизут ма дæлæмæ. Чи стут? У а н о. Хуыцауæй курæгау дæ курæм, дæ разы уыдон ар- вит. Ма нæ бауадз сæфын. Ф ы с с æ г. Ничи уæм бавналдзæн, ма тæрсут. П е т к а. Тугдзых бирæгъæй, дам, ма тæрс. И у а н е. Цы ’рцыди, уый æрцыди, — нал нын ис гæ- нæн. Æрхизæм. Фæлæ уæддæр, хорз лæг, нæхи дæуыл фæдзæх- сæм. Тæрсгæ-ризгæйæ, хъавгæ æрхызтысты Уано, Петка æмæ И у а н е. Лæууынц ахст адæмау кæрæдзимæ æнгом. Ф ы с с æ г. Чи стут? Ай цы кусут? Чи уын радта бар? 151
У а н о. Стæм хуымæтæг кусæг адæм — дурамайджытæ. Цы кусæм, уый уыныс дæхæдæг. Бар та нын радта нæ нæуæг хи- цауад. И у а н е. Бар нæ, бардзырд. Мах комгæ дæр нæ кодтам. П е т к а. Æз тынг дзæбæх куымдтон. Ф ы с с æ г. Хъусут, фæдисæттæ? Адон фыдгæнджытæ не сты. Сыгъдæгзæрдæ мæгуыр кусæг адæм. Р у в а с. Куыд тагьд сыл баууæндыдтæ? Кæд дæ сайгæ кæнынц, уæд та? Ф ы с с æ г. Бæрæг у сæ уындæй, сæ дзырдæй, сæ куыстæй, сæ къухтæй. Фыдгæнджытæ не сты. У а н о. Цæй фыдгæнæг ис махæй. Кусæм æмæ кæ- рæдзийæн нæ мæгуыры хъæстытæ кæнæм. Æххормаг заман та, дам, ралæудзæн рæхджы. А р с. Тыхсгæ ма кæнут, æз уæ сахуыр кæндзынæн, зы- мæг-зымæджы дæргьы æнæхæргæйæ куыд фæцæрæн ис, ууыл. Хæрз хуымæтæг мадзал — уе ’нгуылдзтæ бакæнут уæ дзыхы æмæ сæ цъирут. Ф ы с с æ г. Амайджытæ, аразджытæ куы стут, уæд хал- гæ цæмæн кæнут? Уыдон скульпторты сфæлдыстад, сæ хидвæл- лой куы сты, æцæг аивад куы сты, уæд сæ куыд пырх кæнут. Рав- дыстой аивады мадзæлттæй нæ дуг æмæ не ’хсæнадон цард адæймаджы хуызы. Аивад чи халы, уый фидæныл нæ мæт кæны, уымæн йæхицæн дæр фидæн нæй. Æлгъыстаг уыдзæн. Ц æ р г æ с. Цæуылты сæ рæстæг сафынц. Нæма сæм хъары, сæрсæфæны былыл кæй лæууынц, уый. Р у в а с. Уым бирæ лæууæн нæй: кæнæ тагьд фæстæмæ раздæх, кæнæ... дæ фыдгул афтæ — фæстæмæ раздæхæн кæцæй нæй, уырдæм асхъиудзыстут æмæ уæ мæрдтæ халæттæн хæри- наг фæуыдзысты. Ц æ р г æ с. Халон сæ цы атона, уый дæр дзы нал уыдзæн. М а й м у л и (кусджытæм). Цы хуызæн адæм стут, уый бæрæг уын нæй. Цыртдзæвæнтæ зынаргьæй саразут уæ хуыз- дæртæн, стæй сæ уæд зæгæлгай ныккæнут бындзарæй. Знон дæр ма кувгæ кæмæ кодтат, уыдоны, уæ хистæрты абон уæ къæхты бын кæнут. Фæлæ уын цы кодтой цыртдзæвæнтæ та? Уæхæдæг 152
сæ куы арæзтат. Халгæ, халгæ, халгæ! Уæ размæ чи хæлдта, уыдоныл худут, æфхæрут сæ æмæ та уæхæдæг дæр райдайут ха- лын. Цы саразут, уый та фехалут. Уæхæдæг уæхи фидæны фæл- тæртæн кæнут æлгъыстаг. Б и р æ г ъ. Сæ мæрдты хурмæ чи калы, сæ фыдæлты ингæнтæ чи къахы, уыдонæй цы домыс? Б æ л о н. Халæн куыст ма кæнут, хорз адæм. Исты хор- зæй ныууадзут уæ фæстæ уæ хъæбултæн, уыдоны хъæбултæн, фидæны фæлтæртæн. П е т к а. Фидæны фæлтæртæн паддзæхтæ куынæ ныуу- адзæм, уæдцæр сыл ницы ’рцæудзæн. Ф ы с с æ г. Дзырд паддзæхтыл нæ цæуы. Дзырд цæуы аивадыл. Æндæр æз мæхæдæг дæр паддзæхтæм мæсты дæн. Нæ дзурдзынæн хорзæй-æвзæрæй цы аразынц, ууыл. Фæлæ мæм тынгдæр зиан уый кæсы æмæ расыгæй, æвронгæй цыдæриддæр фæдзурынц, уыдон уайтагъд газетты, журналты кæй фæзынынц, хицæн чингуытæй сæ кæй раскъæрынц минтæ ’мæ милуантæй. Æмæ кæй хъæуынц? Куыддæр падцзахы раппарынц, афтæ йын йæ чингуытæ басудзынц иууылдæр. У а н о. Уый бæрц гæххæтт фесаф. Æмæ, дам, гæххæтт нæ фаг кæны. И у а н е. Нырма мæхимæ не ’рцыдтæн. Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, цирчы кусæг дæ, мыййаг? Фæдисы цыдæй кæдæм бырсут? Кæй агурут? Ф ы с с æ г. Нæ цард æнæхъæнæй дæр цирк нæу? А р с. Цыбыр дзырдæй, зæгъут-ма: чи аразы бомбæтæ нæ ныхмæ? Чи у хæстæндзарæг, хæсткъахæг? Бæсты сæфтмæ уæ чи бæллы сымахæй? Чи нæ баппæрста цъысымы? Чи у нæ марæг? Мах уыдоны агурæм, хъуамæ сæ ссарæм. У а н о. Мах та уæ тæрсгæ фæкодтам. Сымах кæй агурут, уе знаг кæй хонут, уый нæ иумæйаг знаг у. Нæ сидтытæй сæ иу кæддæриддæр вæййы: "Бæстæ сабыр уæд". Чи халы нæ сабыр- дзинад, уый ныхмæ мах дæр цæттæ стæм хæцынмæ. Ф ы с с æ г. Сæуæхсиды цæхæр йæ зæрдæйы, йæ зон- ды, йæ хъуыдыты, йæ царды кæмæн ис, æрмæст уый фервæзын кæндзæн мах зындонæй, мæлæтæй, бынсæфтæй. 153
И у а н е. Мах цæттæ стæм. Ауадзут нæ уемæ — уе ’мцæ- дисонтæ уыдзыстæм. П е т к а. Нæ кусæг къухтæ базондзысты знагимæ хæцын дæр. Нæ сабиты æдасдзинады тыххæй нæхи удтæ дæр ратдзы- стæм фæлтау. Б æ л о н. Рауадзæм сæ немæ. Цас фылдæр уæм, уыйбæрц у хуыздæр. А р с. Разы стут иууылдæр? Хъæлæстæ: "Стæм, стæм". Б и р æ г ъ. Æз нæ дæн разы. Нæ хъæуынц. Цом нæхæ- дæг дарддæр. А р с. Уæдæ афтæ. Иууылдæр сразы сты æмæ араст уæм нæ фæндагыл. Ф ы с с æ г (кусджытæм). Цомут, цомут уæдæ немæ. У а н о. Стыр Хуыцау, фæндараст нæ фæкæн. Æмбæрзæн. ДЫККАГ АКТ ПРОСЦЕНИУМ Кæрæдзийы фæдыл æрбацыдысты фæдисæттæ: кæмæ лæдзæг, кæмæ хызын, кæмæ цы... М а й м у л и. Цал æмæ цал хъæуыл рахызтыстæм æмæ дзы иу ран дæр цæрджытæ нæй. Б и р æ г ъ. Æппын дзы фосы мыггагæй дæр никуы ницы уыд. Зæгьын дзы иу фысыл мæ цæст уæддæр куы ’рхæцид, æмæ нæй — хæйрæг сæ йæхимæ фæхаста. Р у в а с. Мæ цæст бæргæ дардтон æз дæр, фæлæ дзы мæргьтæн нæй сæ кой дæр. Цы фесты цымæ каркæй, бабызæй, хъазæй, гогызæй? Ц æ р г æ с. Диссаг мæм фæкаст — уыцы хъæутæн сæ сæрты иу цæргæс дæр нæ тахти. Стæй канд цæргæс нæ — тæхæг маргъ дзы нæ уыд, суанг ма сырддон цъиу дæр нæ, фæлæ халон дæр- 154
Булæмæргъ. Æмæ сæ нæ райхъуыст булæмæргъы зарын дæр. Цард дзы мард у, æвæццæгæн. Б æ л о н. Бæлæттæ кæм нæй, ахæм хъæу зын ссарæн у. Цы фесты уыдон та? А р с. Хæдзæрттæ æнæхъæн, афтæмæй сæ иу змæлæг нæй. Фыццаг хатт уынын ахæм хъæутæ æз. Цы сыл æрцыд? Зæгь- ма нын, Фыссæг, исты. Ф ы с с æ г. Ам, ацы стыр зылды æрцыд нæ заманы æп- пæты егъаудæр бæллæх æмæ сæ уый бабын кодта. Нæ паддза- хад фæхæлæф кодта атомон электрон станцæтæ аразынмæ. Са- рæзта дзы ацы зылды дæр, фæлæ йæ цыппар реакторæй иу фе- хæлд æмæ маргхæссæг атомы лыстæг хæйттæй фæхъæстæ код- та дуне, дзыллæты æмæ сæ царæфтыд фæкодта. Цард цæдджи- нагау кæм фыхт, уыцы горæттæ ’мæ хъæутæ ныр æдзæрæг фес- ты — федтат сæ уæхæдæг. Р у в а с. Ауылты цæмæн рацыдыстæм? Фæлтау дæрдтыл фæзилæм. Махæн дзы ницы тас у, Фыссæг, и? М а й м у л и. Æцæг, æцæг. Куы ’рхауæм искуы, уæд нæ балц фæсыкк уыдзæн. Ф ы с с æ г. Бынтон æдас ран нæу, фæлæ фæстæмæ здæхæн нал ис. Бирæ нæ нал хъæуы — тагьд ахиздзыстæм хъæ- стæгонд зæххæй. Булæмæргъ. Мæ хъуыртæ дзы нæ фехæлдзысты? Зарын ма уыдзæн мæ бон? Б и р æ г ъ. Цæй цы старстыстут? Тæппуд æххормагæй баззайы. Цæуын хъæуы, цæуын. Мах нæ къæхтæ дарынц, махæн æнцад лæууæн нæй. Размæ, размæ, мæ хæлæрттæ! Æрмæстдæр размæ! У а н о. Чи сæ фæкодта æдзæрæг? Кæй сау фæндтæ рар- гом сты иууыл! Мæ хъама сæ нæ раздахин фæстæмæ, кæд туг- мондаг нæ дæн, уæддæр. И у а н е. Сæ тугæй дыл æртах куы ’рхауа, уæд бабын дæ — сæ туг хъæстæ у маргæй. П е т к а. Сæ кæнонтæ æгæр тæссаг сты, сæ цæрынæй сæ мæлæт у хуыздæр. А р с. Уый дæр та атомты аххосæй? 0, уый цавæр æнаккаг атом у! 0, уый чи ’рхъуыды кодта, уымæн йæ сæр мæ дзæмбы- 155
тæм куы ’рбахауид!.. Мæ маст бынтондæр рафыхт. Цæуæм, цæу- æм! Лæугæ нын нал у ам. Æнæ ссаргæ сын нал ис. Цомут тагъд- дæр. Ацæуынц. ЦЫППÆРÆМ НЫВ Æдзæрæг хъæу. Æдзæрæг хæдзæртты дуæрттæ æмæ рудзгуытæ сты сындзæхгæд. Æрбацыд зæррнд лæг К ъ о л а. Æнкъардæй фæкасти хæдзæрттæм, стæй дзы байгом кодта иуы дуар æмæ рудзгуытæ, бацыд ми- дæмæ. Раздæхт фæстæмæ. К ъ о л а. 0, мæгуыр дæ бон, мæ хъæу. Дæ тæригъæдæй зæрдæ скъуыйы. Фæлæ дæ æз нæ ныууадздзынæн иунæг. Æр- баздæхтæн, цыфæнды дæр мын уæд. Нæ сабыр цард нын æрбай- хæлдтой æваст. 0, нæ тæригъæд фæхæссой, Хуыцау сыл йæ бæл- лæх сæвæра, кæд нæ цæуыл бабын кодтой! Исхæдзарæй, исфæл- лойæ ныр кæмдæрты рахау-бахауаг куы фестæм... Симон ма мын уæддæр куы уаид ам, уæд дыууæ зæрондæй истытæ кæниккам... Мæ хъустыл ма уайынц нæ хъæууынгты цины зарджытæ, цины бæ- рæгбæттæ, сабиты худын, уасджыты уасын, фосы уынæр... Ныр та? Æдзæрæг у, мард у мæ хъæу. Дæ марджытæн Хуыцау тæрхон- гæнæг фæуæд, æндæр ма сын цы у нæ бон. (Цыдæр уынæр, хъæртæ йæ хъустыл ауад). Цæй уынæр уа нæ мард хъæуы? Цæ- уын куы ничи уæнды ардæм. Æви мæ кæд мæ хъустæ сайынц. Цы уынын уый? Æнæрцæугæ диссæгтæ уæртæ: адæм, сырдтæ, мæр- гътæ æрбацæуынц иумæ. Æрбацыдысты фæдисæттæ. У а н о. Дæ бон хорз уа, зæронд лæг! К ъ о л а. Æз хорз бон нал фендзынæн, фæлæ сымах æгас цæут. Цы уæ ’рбахаста ардæм? Цæуыл сафут уæхи? Кæм баиу стут адæмæй, сырдæй уа, маргъæй? Цы уæ хъæуы? Нæ сæфты хъæр уæм байхъуыст, æвæццæгæн, æмæ уымæн рабалц кодтат ардæм? Цы фенын, цы базонын уæ фæнды? У а н о. Цы федтам, уый фæлтау куынæ ’рцыдаид æмæ йæ куы никуы федтаиккам. Мах дæр уыцы сагъæс баиу кодта. Сырд- 156
тæ, мæргьтæ иууылдæр сыстадысты хæсты ныхмæ тохмæ. Хъуа- мæ, дам, ссарæм æмæ карз тæрхон скæнæм хæстæндзарджы- тæн; уæлдайдæр та ацы атомон æмæ ядерон бомбæтæ, бын- дзагьдгæнæг хæцæнгæрзтæ чи хъуыды кæны æмæ сæ чи аразы, уыдонæн. К ъ о л а. Диссæгтæ, диссæгтæ, ’нæрцæугæ диссæгтæ. У а н о. Махмæ раст фæкаст сæ хъуыды æмæ рацыды- стæм семæ. К ъ о л а. Уæхи дæр ма мын бацамонут. У а н о. Мæнæ Иуане, Петка æмæ æз стæм хуымæтæг кусджытæ-дурамайджытæ. Ацы лæг та у фыссæг. Сырдты, мæргъ- ты зоныс. Стæм фæдисæттæ — хъуамæ ма бауадзæм сæфын нæ бæстæ, цæмæй ма фæуой адæм, сырдтæ, мæргътæ æмæ иннæ цæрæгойтæ бынсæфт, быныскъуыд. К ъ о л а. Уæ хъуыддаг раст, уæ фæнд уæ къухы бафтæд. Къола мæ ном. Куыннæ федтон хæстытæ, цæфтæ дæр дзы фæ- дæн. Фæлæ дзы ам цытæ ’рцыд, ахæм дзы нæма уыд. Ацы гауыр атом нæ æнæгæрахæй фæцагъта. Хуыцау уын ма фенын кæнæд, æз цытæ федтон, æз цытæ бавзæрстон, уыдон. Мæ цæстыты раз мардысты адæм сывæллонæй, зæрондæй, æрыгонæй. Удыгас ма нæ чи баззад, уыдон дæр æрдæгмæрдтæ, сахъæттæ. Лæгпайда сæ нал ис. Нал бæззынц нæ зæхх, нæ дон, нæ уæлдæф — нал ис ам цæрæг. Нал бæззынц хæрынмæ нæ хæринæгтæ — цавæрдæр марг, дам, сæ ахъардта, цези йæ хонынц, йæ кой фесæфа. Урс- сагæй, сойагæй, дыргьæй, халсарæй — иууылдæр сæфт сты ра- диацийæ, хъæстæгонд. Рæуджыты, ахсæны, цæстыты-иу цыма судзгæ нæмыг ахызт, афтæ сыгьдысты. И у а н е. Афтæмæй атомон электрон станцæтæ фылдæ- рæй-фылдæр аразæм нæ бæстæйы, фæсарæнты. Атомон стан- цæты, атомон бомбæты нымæц фылдæр куыд кæны, афтæ къад- дæрæй-къаддæр та кæны адæмты æдасдзинад. П е т к а. Къола, уыцы атомон электростанцæ куы арæз- той, уæд сымах нæ бафарстой хъæуы уæ, æви нæ, уымæй? К ъ о л а. Мах куы фарстаиккой, уæд нæхицæн марæн кард арæзтам? Ф ы с с æ г. Раззагдæр фæсарæйнаг бæстæты фыццаг адæмы бафæрсынц, стæй проектыл бæстон æрныхас кæнынц 157
æмæ иууылдæр куы сразы вæййынц, æрмæст æй уæд райдайынц аразын. П е т к а. Ныр ма исчи æнæ мах бафæрсгæ бафæлварæд атомон станцæ саразын! Фæндæгтæ æрæхгæндзыстæм, кусын никæй бауадздзыстæм. Тыхæй чи архайа, уый тыхæй йе сæфт ссардзæн. Ф ы с с æ г. Æрæджы кастæн, цас хæцæнгæрзтæ æр- цæттæ кодтой адæм сæхи ныхмæ, уый тыхæй. П е т к а. Æмæ цы зæгьынц? Фаг, дам, нæма сты? Ф ы с с æ г. Зæгьынц афтæ — зæххы цъарыл цыдæрид- дæр адæм цæры, уыдонæй алкæйы дæр, цæмæй фынддæс хатты амарай, уый фагæй ноджы фылдæр сты. И у а н е. Æнахуыр диссаг. Цал хатты ис амарæн иу лæ- гæн? Цæмæн ма йæ хъæуы фынддæс хатты марын? Бынтон æнæхъуаджы, æдылы хæрдзтæ. У а н о. Æмæ ма сæ ноджы скъæрынц æмæ скъæ- рынц! Б и р æ г ъ. Адæм фырзондцжынæй æдылытæ сты. Уый æз кæддæриддæр фæзæгьын. Æмæ раст фæзæгьын. Мæнæ хъу- сут уæхæдæг. Ф ы с с æ г. Адæм тæссаг уавæры бахаудтой, се сæфт æрхæццæ кæны. Фæдисы уавæр сæвзæрд. И у а н е. Искуы ма ацы мард хъæутæм цард фæстæмæ æрбаздæхдзæн? К ъ о л а. Цы дын зæгъон... Адæймаджы конд афтæу: рæ- стæг куыд цæуы, афтæ дзы рох кæнынц йе стыр зынтæ, йæ хъай- мæты бонтæ. Уыдон æм диссаг нал фæкæсынц. Ома уый раджы уыди, алчи дæр æй зоны. Ахæм хъуыды ис нæ хицауадмæ дæр: райдианы рæвдз февнæлдтой — ныр æруазал сты. Адæмы фер- вæзын кæныныл, хъæутæн цард радтыныл та кусын хъæуы æнæс- цухæй. Ф ы с с æ г. Адæм топпы хосæй йедзаг боцкъатыл ба- дынц, афтæмæй судзгæ æхсидæфтæй хъазынц. Комкоммæ са- фынц сæхи. К ъ о л а. Иу сем сын сем нæу? Цы ма нын кæнынмæ хъа- вынц? Цы кодтам Хуыцауæн дæр æмæ хицауадæн дæр? Цæуыл нæ кæнынц бынсæфт?! 158
А р с. Канд сымах нæ, фæлæ ма мах дæр — сырдты, мæр-' гьты, зайæгойты, æппæт æрдзы дæр. Мæнæ куыд сæфæм, мæ- нæ! П е т к а (Къоламæ). Чи фæсахъат, уыдонæн æппын ни- цы хос кæнынц? Дохтыртæ цы зæгьынц? К ъ о л а. Æмæ цы зæгъой? Адæймаг дзы цæй бæрц сахъат у, уый базонын сæ бон куынæ у. Фæсарæнты, дам, ис ахæм прибор, фæлæ æгæр зынаргь у æмæ йæ не ’лхæнынц. Нæ- химæ ахæм дзаума нæй æмæ дын хос дæр куыд кæной? П е т к а. Ау, адæймагæй зынаргьдæр у уыцы прибор? К ъ о л а. Ноджы ма нын "ныфсытæ" авæрдтой — уæ бæл- лæхтæ, уæ хъизæмæрттæ, дам, нырма разæй сты: аварийы фæс- тиуджытæй, дам, не ссыгъдæг уыдзысты сæдæ азмæ дæр... Мах ма цыфæнды фæуæм, фæлæ нæ сабитæ кæй бабын сты, уый мæ мары бынтон. Æвæстаг кæндзыстæм, додойаг фæци нæ сæр, ас- къуыйдзæн нæ мыггаг. У а н о. Æвиппайды фехæлд уыцы станцæ? Куыд рауади афтæ? Дуне бæстæтыл йемынæ куы байтыдта. К ъ о л а. Нæ йæ хъæр кодтой адæмæн, æндæр рагæй уыди хæлд. Сусæг хъуыддаг уыди. Æмæ зонгæ-зонын адæмы фæ- цагьтой. Ныр та ма дзы ног бæллæх рабæрæг: радиацийы чи ба- хауд, уыдоныл стыхджын ис ракты низ æмæ сæ мары. Туг дæр сахъат у, афтæмæй цагьды кæнынц. Фæсценæйæ æрбайхъуыст кæуын, хъарæг. Иууылдæр уыцырдæм фе- сты. Кæугæ æрбацыдысты цалдæр адæймаджы: æрбахастой сывæллоны марды чырын. Мад йæхи хæры, кæуы, хъарæг кæны. М а д. Мæ къона куы фехæлд, цы ма кæнон, Къола? Мæ бындур куы ныззылд, уæд ма куыд цæрдзынæн? 0, фæлтау мæ хъæбулы разæй мæхæдæг куы фæуыдаин. 0, нæ тæригъæдæй зындоны фæбада, мах чи байсæфта? 0, мæ зæрдæдарæн, мæ иунæг хъæбул! Дæ фыды цурмæ куыд тагъд бакодтай? Уæ фæс- тæ ма мæн цæмæн ныууагътат? Ракæс-ма, ракæс, мæ къона! Мæнæ нæ хъæумæ, нæхимæ æрхæццæ стæм. Зæгъ ныр фæстаг хæрзбон дæ хъазæнтæн, нал дæ бахъæудзысты, нал сæ ахъаз- дзынæ. Зæгъ хæрзбонтæ дæ хъазæн бынæттæн, нæ афтид хæдзарæн. 159
К ъ о л а. Мауал хæр дæхи. Нæй гæнæн, мæ хур. Цы ’рцыди, уый æрцыд, фæстæмæ йын раздахæн нал ис... Цы ма йæ ластат ардæм, уæ низыл ма æфтаут низ сымах дæр. М а д. Нæ, нæ, Къола. Йæ фыды фарсмæ хъуамæ уа мæ хъæбул. Иу уыди сæ цард, сæ низ дæр. Нæ фæрæзтой æнæ кæ- рæдзи æмæ ныр иумæ уыдзысты. Мæн дæр-иу бавæрут сæ фар- смæ, фæдзæхсын... Ме ’мбæлтты нæ уагьтон, фæлæ нæ ныллæ- ууыдысты. К ъ о л а. 0, арв уæ ныццæва, махæн ацы фыдæвзарæн- тæ чи кæнын кæны. Адæмы цæгъдæн хос чи сарæзта, уыдон цагъ- ды фæуæнт сæхæдæг. М а д. Чи мын амардта мæ хъæбулы? Чи у не знаг, нæ ма- рæг? Ракæнут ма сæ мæ размæ, мæ хъæбулы размæ, æз сын сæ цæстытæм бакæсон. Цавæр сты, фенон сæ мæхæдæг. П е т к а. Хъæддаг сырд дæр нæ бакæндзæни афтæ. Цы- фыддæр знæгтæ сты уыдон! Цæгьдинаг, маринаг сты! А р с. Хатыр, Петка, мах стæм хъæддаг сырдтæ, фæлæ сы- вæллоны нæ марæм. Хъæбулæй адджындæр цы ис? Б и р æ г ъ. Æз бирæгь дæн, фæлæ сабиты нæ хъыгда- рын. Мæ дзидзийы хъуырттæй фервæзын кодтон мæлæтæй сы- вæллæтты. * К ъ о л а (хæстæгдæр бацыд марды чырынмæ). Рухсаг^1 нæ рæзгæ тала, зæрдæ йæ зæгъын дæр нæ комы. Мæрдты дзес^ нæты бад. Ацы фыдбонты дæ разæй бирæ бацыд уырдæм, даЬ фæдыл дæр дзы бирæтæ цæудзæн нырма. Фæндараст у, дæ сыджыты хай дын хæлар уæд... Смсут æй æмæ йæ йе ’нусон бы- натыл сæмбæлын кæнут. Йæ хъизæмæрттæй фервæзти, бецау. Нæлгоймæгтæ систой чырын. Ацыдысты иууылдæр кæугæ, сæргуыбы- рæй. Баззадысты ма К ъ о л а æмæ Ф ы с с æ г. Уыдон дын нæ хабæрттæ, нæ митæ. Ф ы с с æ г. Арт сирвæзт нæ адæмыл æмæ йæ хуыссын- гæнæг нæй. Чидæртæ ма йыл доны бæсты фæтæген дæр калы. ЗоНдыл уæлахиз кæнынц фыдми. Фыдракæнд, халæг тых. К ъ о л а. Фыды хæстæ фырт фæфиды. Ацы хъизæмæрт- тæ нын чи ’взарын кæны, ацы фыдзаман нын чи скодта, уыдонæн мæгуыр не сты сæ кæстæртæ, сæ цæуæт? 160
Ф ы с с æ г. Хорздзинады бæсты араз фыдбылыз!? Ца- вæр зонд амонынц кæстæртæн? К ъ о л а. Ныртæккæ нæ зæххыл бæгъæввадæй нал ис цæуæн, уæлдайдæр та сабитæн. Ф ы с с æ г. Цæмæн зæгъыс? Хуыздæр ма цы уа уымæй? — сабитæ хъазгæ, худгæ згъорынц æмæ згъорынц размæ, згъо- рынц сæ рухс фидæнмæ. К ъ о л а. Нæ, нæ. Ды мæ нæ бамбæрстай. Фыццаг-иу сын зæхх лæвæрдта сæ гом гæггыты руаджы æнæниздзинад, тых æмæ хъару. Ныр та йыл згъорынц сæ адзалмæ, æнафоны мæлæтмæ. Ф ы с с æ г. Нæ та дæ бамбæрстон. К ъ о л а. Цы ’мбарын дзы хъæуы. Нæ радтæг зæххыл нæ "зондпжынтæ? уый бæрц марг æмæ алы хъылма калынц æмæ дзы сабиты гом гæггытæ куы фæхъæстæ вæййынц, уæд та сæ низ йæ быны скæны æмæ та сæ хæдзæрттæй хъарджытæ райхъуысы. Аф- тæмæй дарддæр куыд цæрдзыстæм? Уæртæ ма бакæс нæ хуым- тæм: гутон баззад ауæдзы, гутондар фæмард. Иу бахъахъхъæнæг нæ нал ис. Чи рахæцдзæн нæ сæрыл? Кæуыл ма бафæдзæхсæм нæхи? Ф ы с с æ г. 0, фыдгæнджытæ, фыдгæнджытæ! Бынтон- т,æр саугуырм баисты? Сæ зонд фæцыд? Цæуыл сафынц бæстæ? ’ы ми кæнынц? К ъ о л а. Хъæздыг, бæркадджын, сойджын уыд нæ Зæхх. 1ыр нын йæ тыллæг маргимæ дæтты. Хæрзаддæр мах дæттæй нæ уыд. Ныр сæ дæ был дæр ма атул, нуазынмæ нæ бæззынц. Ф ы с с æ г. Æдзæрæг хъæутæ — зæрдæ сæ ныккæрзы. К ъ о л а. Нæ хъæуы ма иу куыдз фæниуы, йæ хицау кæ- мæн фæмард, ахæм. Йæ хицауы ингæны цурæй æддæмæ нæ цæуы: æнхъæлмæ йæм кæсы, ниуы, кæуы, йæ тæригъæдæй зæр- дæ скъуыйы. Мæгуыр йæ бон, кæдмæ фæраздзæн. Æнхъæлмæ кæсынæн куыдз дæр нæ фæразы. Ингæны цур баззайдзæн хуыс- гæйæ. Ф ы с с æ г. 0, æнамонд рæстæг, æнамондадæм! Куыдз дæр ма ныл æнувыдцæр у — æрдхорды зæрдæ нæм дары; йæ цард дæр радты мах тыххæй. Нæхæдæг та кæрæдзи ’вдæрзæм, кæрæдзи туг дойныйæн нуазæм. Лæджы цард нæм бынтон аслам сси. Лæг амарын бирæтæм бындз амарынæй æнцондæр кæсы. 11 Царды хос 161
К ъ о л а. Канд мах хъæутæ не сты кæуинаг уавæры. Адæм цæрынц тæрсгæ-ризгæйæ, æнцойад нал зонынц. Иуæй нæ газтæ ’мæ ядертæй марынц, иннæмæй та нæхæдæг æддæг-ми- дæг ауадыстæм. Ф ы с с æ г. Ис ахæмтæ, кæцытæ архайынц бæрзонд бы- нæттæм схизынмæ æлгъаг æмæ цъаммар миты фæрцы. Туг нык- калын, хæст ракъахын дæр сæ уымæн фæхъæуы. Æз сæ æнæ- мæнг ссардзынæн, сæ гамхудтæ сын сисдзынæн, сæ сау фæнд- тæ сын ракалдзынæн хурмæ. Мæ цард дæр нæ бавгъау кæндзы- нæн сæ раргом кæнынæн, уадз æнустæм баззайа сæ ном фиди- сæн, æлгъыстæн. К ъ о л а. Ныффысс, ныффысс, Фыссæг, ныффысс. Нæ сау хабæрттæ дæр ныффысс. Ам нæ пиллон арты чи басыгъта, уыдоны дæр ма ферох кæн. Ссар сæ æмæ сын зæгъ, хорз, зæгъ, бакуыстат, уæ фыдбылыз фæрæстмæ. Цин кæнæнт, сæ адæмы кæй цæгъдынц, ууыл. Адæмы тæригъæд Хуыцау кæд нæ ныббарид уыцы лæгсырдтæн. Ф ы с с æ г. Мæхи цæстæй цы диссæгтæ, стыр бæл- лæхтæ федтон, уыдон фидæны фæлтæрты уырнгæ дæр нæ кæндзысты. Зæгъдзысты — ау, ахæм æдылытæ, ахæм дурзæр- дæтæ царди нæ размæ. Уыдон, æвæццæгæн, фыссæг æрымы- сыд. К ъ о л а. Зæгъ хицæуттæн, марджытæн мах номæй: æгъ- гъæд, зæгь, фæуæд. Мах сæфт æмæ сæфт, фæлæ иннæ адæмты бахизут фыдбылызæй, мауал сæ фесафут. Кæмæн цы кодтам? Цæуыл нæ цæгъдынц? Стæй ма дын иу хъуыддаг фæдзæхсын, Фыссæг, кæд гæнæн ис, уæд. Ф ы с с æ г. Куыннæ, куыннæ. Хъусын дæм, Къола. К ъ о л а. Фен ма иу уыцы фыдгæнджытæн сæ ныййар- джыты, базон — цавæр мад æмæ фыдæй гуырд сты, цы зонд амыдтой сæ цæуæтæн... Нæ мæ уырны, раст-равджы ныййарджы- тæн куыд хъуамæ райгуыра æнæзæрдæ тугдзыхтæ. Æрбаздæхтысты уæлмæрдæй. Цинты цæут, мæ хуртæ, цинты лæггад кæнут. Уæ лæггад ын хæлар фæуæд. Хæрзаудæн кæнæд, йæ фæстæ кæй ныууагъта, уыдоныл. 162
У а н о. Мах ард бахордтам йæ ингæны уæлхъус, йæ туг ын кæй райсдзыстæм йæ марджытæй. А р с. Бынтон мæ мастæн бауромæн нал ис. 0, сар мын уæ сæр кæны, сабиты марджытæ! Б и р æ г ъ. Сæ туг сын бацъирдзынæн æз зыдæй, æр- мæст сæ ссарæм. Ц æ р г æ с. Æз та сын цæрдудæй сæ цæстытæ скъах- дзынæн æмæ-иу уæд фыдбылызтæ кæнæнт сæхицæн. П е т к а. Фæстиат нал хъæуы. Афонмæ та уыдон ног фы- дæвзарæнтыл кусынц. К ъ о л а. Фæндараст ут, мæ хуртæ! Мæ зæрдæ уæм æх- сайдзæн — æгæр нæм афæстиат стут æмæ... Уастырджи уе ’мбал фæуæд! У а н о. Дæуæн дæр, Къола, ам ныллæууæн нал ис. Куы йæ зоныс дæхæдæг, цæрæн бынат нал у уæ хъæу. К ъ о л а. Æз ардыгæй цæуинаг нæ дæн, фæлæ тагъд кæ- нут сымах. Уæ размæ хорз нысантæ ис, уæ къухы бафтæнт Хуы- цауы фæрцы. У а н о. Цом немæ ды дæр. Иумæ тыхджындæр уыдзы- стæм. Не ’ппæты ныхмæ цы къæдзæх фæлæудзæн. К ъ о л а. Нæ, нæ. Цæут. Цалынмæ удыгас уон, уæдмæ нæ хъæуæн йæ рухс хуыссын нæ бауадздзынæн. Æхсæв дзы-иу цырагъ уæддæр судза. М а д. Къола, æз дæр цæуын семæ: хъуамæ мæ хъæбулы марджыты фенон. Ме ’мбæлттæ дæр махимæ цæуынц. К ъ о л а. Хорз, хорз, мæ хур. 0, Стыр Хуыцау, фæндараст сæ фæкæ. У а н о. Къола, нæ зæрдæ дæм æхсайдзæн, фæлæ дын ницы у нæ бон. Хорзæй баззай. Иууылдæр ацыдысты. Къола баззад иунæгæй. К ъ о л а. Ахæм ма дзы диссаг уа! Сырдтæ, мæргьтæ дæр ма бамбæрстой, фыдбылыз кæцæй цæуы, уый æмæ йæ ныхмæ уд- уæлдай тохы бацыдысты. Сырдтæ адæмы митæ кæнын райдыдтой, адæм та сырдтæй уæлдай нал сты. Æвæццæгæн, хъаймæт æрцыди. Æмбæрзæн 163
ФÆНДЗÆМ НЫВ Хъæд. Хъæдгæсы хæдзар. Йæ кæрты сырдты кълеткæтæ, боцкъатæ, бæндæнтæ, рæмудзæн æрмæджы телтæ, бæлæсты бын бандæттæ. Хæдза- ры тыргъы хъримаг ауыгъд. Хæдзарæй рацыд ацæргæ лæг — А к а д е - м и к хæрз хуымæтæг дарæсы. Йæ къухты фæрæт, дзæбуг, хырх, лæгъз- гæнæн, зæгæлтæ. Аразы фæйнæгæй даргъ бандон. Нæ йын рæстмæ кæны. Академик. Раст фæзæгъынц, хæрз хуымæтæг дзау- ма зындæр аразæн у стыр наукон-иртасæн куыстытæ фыссынæй. Хуымæтæджы бандон саразын ма зон! Фæрæт æмæ дзæбугимæ ма арæхс! Худинаг æмæ æрдиаг. Зæххон цард, зæххон цард, дæ- уæн æмбал дзы нæй. Æз та зæххон цардæй фæиппæрд дæн. Цæй, кæд ам хъæдгæс æмæ геологты фæрцы истытæ базонин мæ улæфты рæстæджы... Мæ бандон сæ зæрдæмæ фæцæудзæн æви нæ, нæ зонын, фæлæ йыл мæхæдæг цин кæнын сывæллонау. Мæ- хи арæзт у! Æрбацыдысты фæдисæттæ. Академик сæ фæтарст. А р с. Дæ куыст рæстмæ уæд, хорз лæг! Б и р æ г ъ. Тæрсгæ ма кæн, дæумæ ничи бавналдзæн. Ничи дæ бахъыгдардзæн, ды нæ нæ хъæуыс. Академик. Тæрсгæ та... фæлæ, зæгъын... Æгас цæут. Ф ы с с æ г. Кæй хæдзар у ацы хæдзар? Академик. Хъæдгæсы. У а н о. Æмæ ды дæр хъæдгæс дæ? Академик. Нæ. Æз ам цæрын рæстæгмæ. Хуымæ- тæг кусæг дæн. Геологтæ дæр ам хæстæг кусынц æмæ сын æз æххуыс кæнын. Сæ дзаумæттæ сын хъахъхъæнын. Р у в а с. Хъæдгæс хъæумæ ацыди, æви хъæдгæс хъæды баззади? Академик. Хъæумæ нæ ацыд — уæд мын æй фæ- зæгъы. Ф ы с с æ г. Æнæмæнг нæ хъæуы йæ фенын. А р с. Хорз, фæуæд афтæ. Ам иу гыццыл нæ фæллад дæр суадзæм. Б и р æ г ъ. Мæ сæрæй нæ цух кæны иу хъуыды: цæ- мæн цæгъдынц адæм кæрæдзи? Цæмæн фесты афтæ æна- 164
монд? Хихортæ стут, хихортæ! Махæй зыддæр æмæ кæрæфдæр фестут. Ф ы с с æ г. Нæ, раст нæ дæ, Бирæгь. Адæм се ’ппæт ахæмтæ не сты. Мæнæ (амоны Академикмæ) нæ разы кусæг лæг лæууы. Æнцад-æнцойæ кусы йæхицæн, аразы бандæттæ. Бындзы тæригъæды дæр нæ бацæудзæн. Куыд ын ис схонæн хихор? Р у в а с. Бирæгъ раст дзуры. Мах цæгьдут цæрæнбонты, фæлæ кæрæдзи ноджы фылдæр марут. Иу дзы иннæйы зæрдæйы хъама ныссадзы йæ фистонмæ æмæ уый фæстæ дзаджджын фын- гыл æрбады хæрынмæ. Академик. Хъама æмæ топпы нæмыгыл куы базза- даиккам, бæргæ. М а д. Сывæллон райгуыры амондæн. Нæй йæм хæрам- дзинад, маст, кæнæ хин митæ. Хурау йæ бахудт, йæ фезмæлд, йæ дзырд. Ницы ис царды зынаргъдæр сывæллонæй. Стыр дис- саг уый у, æмæ ахæм сыгъзæрин сывæллæттæй куыд рауайы давджытæ, марджытæ, кæнæ хæсткъахджытæ. Мах-иу, ныййар- джытæ, куы зониккам, нæ хъæбултæй фыдгæнджытæ, адæмы знæгтæ рауайдзæн, уый, уæд-иу сын царды рухс нæ фенын кæ- никкам. У а н о. Уый раст у. Хъысмæты раз иууылдæр цагъайрæг- тæ стæм. Цы уыдзæн, уый чи зоны Хуыцау йеддæмæ. Мах та хуы- цæуттæ не стæм. И у а н е. Уæззау зондыл хæст чи у, уый адæмæн æвзæр- гæнæг нæ уыдзæн. У а н о. Уый раст у. Фæлæ рог дымгæ йæ сæры кæмæн зилы, уымæ уæззау зондмæ æнхъæлмæ ма кæс. Рæузонд адæм та нæм æгæр бирæ ис, æгæр. Ф ы с с æ г. Æппæт бæстæты уый бæрц хæцæнгарз, уый бæрц рæмудзæн æрмæг æрæмбырд æмæ адæмты æдасдзинад тæссаг уавæры бахауд. Академик. Алы адæймаджы хыгьдмæ дæр зæххы къорийыл хæлæн æрмæг арæзт æрцыд цыппар тоннæйы. Уыдон куы срæмудзой, уæд зæххы уæлцъар иууылдæр фæнык фест- дзæн. П е т к а. Уæдæ нæ алкæйы сæрмæ дæр цыппар тон- нæйы хæлæн æрмæг ауыгьдæй лæууы? Æмæ йын исчи йæ ауын- 165
дзæн фæлыг кодта, зæгъгæ, кæнæ йæ срæмыгьта?! Удæгæстæй мæрдтæм хæстæгдæр куы фестæм. У а н о. Уыдоныл цас хæрдзтæ бахъуыд нæ хидвæллойæ! Академик. Бирæ, æнæкæрон бирæ. Триллионтæ. Ахъуыды кæн: алы минуты дæр æппæт бæстæты хæцæнгæрзтæ аразыныл хардзгонд цæуы сæдæ милуан доллæры. Уыцы хæрдз- тæн сæ дæсæм хай дæр æгъгьæд уаид, цæмæй адæм иууылдæр хорз цæрой, уымæн. Кæрон æрцæуид æххормаг замантæн, мæ- гуырдзинадæн. Ф ы с с æ г. Уыцы бæлвырд сæ кæцæй зоныс ды та? Академик. Зонын сæ, кастæн цыдæртæ. А р с. Æрæгмæ цæуы хъæдгæс. Уæд та йæм арвитиккам искæйы? Академик. Нæ хъæуы, тагьд зындзæни. М а й м у л и. Æз, мæнæ мæргътимæ иумæ афтæ хъуы- ды кæнын: сымах зын бамбарæн стут, адæм. Раст цыма уæ риуты цалдæргай зæрдæтæ ис, уæ сæрты цалдæр зонды æмæ уыдон ку- сынц, хъуыды кæнынц ныхæй-ныхмæ, хæцынц фæйнæрдæм. И у а н е. Цæмæн афтæ хъуыды кæнут, Маймули, хæс- тæджытæ куы стæм? М а й м у л и. Сæдæгай паддзахæдтæ иумæ Хæлардзи- нады, Сабырдзинады, Æфсымæрдзинады Бæлæстæ сæ иугай къухтæй садзынц, сæ иннæ къухтæй та сæхи бæстæты хæцæн- гæрзтæ скъæрынц æмæ скъæрынц. Иу зæрдæ, иу сæры магъз кæмæн уа, уый афтæ нæ бакæндзæн. Б æ л он. Æцæг, æцæг. Алы бæстæйы дæр садзут хæлар- дзинады Бæлæстæ æмæ уæд Зæххы къорийæ рауайдзæн хæлар- дзинады Дыргъдон. Нæ хъæуы хæцæнгæрзтæ уадзын. Академик. Бæргæ, бæргæ. У а н о. Сабырдзинады бардуаг, рæсугъд Бæлон, ды раст дæ. Фæлæ падцзæхтæ сæхæдæг нæ аразынц хæцæнгарз; сæхæ- дæг нæ рацæуынц хæстмæ. Уыдонæй ядерон бомбæ ничи ’рхъуы- ды кодта. Бомбæтæ, ракетæтæ æмæ æндæртæ адæмы цæгъды- нæн æрхъуыды кодтой стыр ахуыргонд адæм, академиктæ. Уыдон сты не знаг, нæ марæг. М. а д. Сæ мыггаг аскъуынæд, бындзагъд фæуæнт мæ би- нонты тæригъæдæй. Мæрдты сын цырагъдарæй фæцæуæнт. 166
П е т к а. Ахуыргæндты бæсты фæлтау хъæдцæгтæ куы уыдаиккой æмæ нын ацы фыдбылызтæ куынæ бавзарын кодтаиккой. И у а н е. Космосмæ, Мæймæ нын нæ фæллой ассывтой, ныр та, дам, Марсмæ, Венерæмæ, стъалытæм хъуамæ стæхæм. Цы муртæ ма нæм баззад, уыдон та уым ахардз кæндзысты. Бын- сæфт нæ фæкодтой æмæ сæм æгьгъæд нæ кæсы. Фæсценæйæ æрбайхъуыст Хъæдгæсы хъæр: "Андрей Петрович! Анд- рей Петрович!" /Ербацыд. Фæтарст. Цы кæна, уый нæ зоны. X ъ æ д г æ с (Академикмæ). Андрей Петрович, адон чи сты? Цы агурынц ам? Академик. Æз дæр сæ хорз нæма базыдтон. Дæу агурынц, дæумæ æнхъæлмæ кастысты. Ф ы с с æ г. Андрей Петрович? X ъ æ д г æ с. 0. Андрей Петрович у мæ уазæг. Æмæ нæ базонгæ стут? Ф ы с с æ г. Ис иу хъуыстгонд Академик, уый дæр Анд- рей Петрович хуыйны. X ъ æ д г æ с. Дæ хъуыддаг раст. Тынг раст æй зæгъыс — уыцы Андрей Петрович у мæнæ ацы Андрей Петрович. Дунетыл йæ ном кæмæн айхъуыст, уыцы Андрей Петрович. Ф ы с с æ г. Ядерон æмæ термоядерон хæцæнгæрзтæ чи ’рхъуыды кодта, уый? (Фæрсæджы каст бакодта Академикмæ). X ъ æ д г æ с. 0, уый у мæ буц, мæ цытджын уазæг. У а н о. Сайыс, Хъæдгæс. Хъазгæ нæ ма кæн. И у а н е. Цытæ дзурыс, амæй цæй академик ис, хуымæ- тæг кусæг. П е т к а. Махау уæртæ хуымæтæг кусæг лæг. Хынджы- лæгмæ нæ не ’вдæлы. Ф ы с с æ г (Академикмæ) Ды æцæг уыцы Академик дæ, Андрей Петрович? Академик. Хъазгæ кæны хъæдгæс. Цæй Академик ис мæнæй. X ъ æ д г æ с. Андрей Петрович! Цы ’фсæрмы кæныс? Уадз æмæ дæ зоной. (Бауад хæдзармæ æмæ радавта Академикы къандзол, йæ уæлæ æртæ Сырх Стьалыйы — Социалистон Фæл- лойы Хъайтары стъалытæ). Мæнæ ма кæсут — æртæ Сыгъзæрин 167
Стъалыйы йæ риуыл. Хъæдгæсæн ахæмтæ нæ дæттынц. Æрбакæ ма дæ къандзол. Ф ы с с æ г. Æцæг у уый, Андрей Петрович, Академик. Кæй агурæм, уыдонæн сæ цырв. (Адæм, сырдтæ, мæргътæ иу цъус джихæй аззадысты, стæй сæ алчи дæр Академикмæ лæбу- ры хъæргæнгæ: "Ам ис ныр!" "Хæцут ыл!" "Маргæ, марын æй хъæуы!" "Са- уындзæм æй!" "Арты йæ басудзæм!" Ныккалдысты Академикыл. Хъæдгæс æй иргьæвы, фæлæ йæ Арс иуырдæм фехста. Хъæдгæс хъримаг раскъæфта, фæлæ йын æй байстой æмæ йæ Академикмæ ныддардтои. Ф ы с с æ г. Фæлæуут! Суадзут æй. Мах адонау æнæ- тæрхонæй нæ марæм. Мæлæты размæ закъонмæ гæсгæ ныхасы бар вæййы. Хъуамæ нын йæ мæлæты размæ дзуапп радта — уый бæрц адæмы тæригъæды цæмæн бацыд, цæмæн сæ цæгъды, уый тыххæй. Академик. Æрра фестут? Цы уæ хъæуы мæнæй? Суадзут мæ. Фæсмон фæкæндзыстут уæ митыл. Мæн тыххæй уæ алчидæр дзуапп дæтдзæн паддзахады раз. Мæ бартæ исын нæу уæ бон. И у а н е. Æз фæндон хæссын: тæрхонгæнджытæй æв- зæрст æрцæуæд Фыссæг, Мад, Уано, Арс æмæ Бæлон. Ф ы с с æ г. Æгæр бирæ сты, фæлæ уæ кæд афтæ фæн- ды, уæд хъæлæс скæнæм. Иуане кæй ранымадта, уыдоныл разы чи у, уый йæ къух сдарæд. (Академик æмæ Хъæдгæсæй фæстæ- мæ иууылдæр схъæлæс кодтой). Академик (Фыссæгæн). Цæмæн дæ бахъуыд ацы комеди? Æз дын хынджылæггаг нæ дæн. Цæут уæ фæндагыл æнæмастæй. Ф ы с с æ г. Комеди нæ — трагеди уыдзæн ам. П е т к а (бæндæн радавта). Цы ма йыл тæрхæттæ кæ- нæм — сауындзæм æй мæнæ ацы стыр бæласы цонгыл æмæ йæ мауал уынæм. Р у в а с. Ауындзгæ нæ, судзгæ йæ бакæнæм. Ам хъæды хус сугтæ бирæ ис. Йæ арты пиллон арвмæ хæццæ кæндзæн. Суды лæгтæ бадынц хибарæй, сæ разы лæууы Академик йæ къухтæ баст, афтæмæй. 168
Ф ы с с æ г. Тынг мæ фæнды базонын дæ уды хъæд, Ан- дрей Петрович. Сабырдзинадыл тох кæнгæйæ, райстай æппæты кадджындæр лауреаты ном. Афтæмæй та ды дæ термоядерон бомбæты æрхъуыдыгæнæг, сæ аразæг. Академик. Æз иунæг нæ уыдтæн. Бирæ стыр ахуыр- гæндтæй йыл куыстам иумæ. Æз нымадтон — уый хъæуы сабыр, æнцад-æнцой цардарæзтæн. Æрмæст ахæм хуызы ис бауромæн ног дунеон хæст. Кæрæдзийы ныццæгъдынмæ дыууæрдыгæй дæр цæттæ кæй сты, уый баурæдта хæст ракъахыны хъуыддаг. Ф ы с с æ г. Уыцы фæндаг карды комыл арæзт у, дард ацæуæн ыл нæй. Ядерон хæцæнгарз цалынмæ бынтондæр сæфт не ’рцæуа, уæдмæ адæмæн æнцой цард нæ уыдзæн. Ныр- тæккæ атомон бомбæтæн сæ ас къаддæрæй-къаддæр кæны, сæ тых та фылдæрæй-фылдæр. Афтæмæй террористтæм куы баф- та "дзыппыдаргæ атомон бомбæтæ", уæд ма сæ чи бауром- дзæн? Академик. Разы дæн демæ. Хорз æмбарыс уавæр. Адæмтæ сæрсæфæнмæ фæхæстæгдæр сты. Ноджы нырма кæй нæ зонæм, ахæм æбуалгъдæр хæцæнгæрзтæ тагъд рæстæджы фæзындзæн. Абон урæд куынæ ’рцæуой, уæд райсом байрæджы уыдзæн. У а н о. Не сæфт федтам атомон энергийæ. Нал нæ хъæуы! Фæлтау мыдадзын цырагъы рухсмæ цæрдзыстæм, æр- мæст нæ, уæлдайдæр та нæ сывæллæтты, тæссаг уавæры ма да- рут. Æгъгъæд фæуæд тæссаг цардæн. Цы мын зæгъдзынæ? Академик. Мыдадзын цырагъы рухсмæ цæрын та- лынг, фæстæзад цард у. Уыцы уавæрты адæм бирæ нæ цæрынц. Цас къаддæр кæнай энергийæ пайда, уый бæрц адæмæй фылдæр мæлдзæн. Ядерон энерги бирæ зынаргьдæр у газæй, нефтæй, ду- рæвзалыйæ. Фæлæ уыдон тагъд фæуыдзысты. П е т к а. Нал нæ хъæуынц атомон электрон станцæтæ. Иу нæ дзы бабын кодта æмæ нын æгъгъæд фæуæд. Сугæй дæр та арт кæндзыстæм фæлтау. Академик. Зæххы бын куы уаиккой арæзт уыцы станцæтæ, уæд бирæ æдасдæр сты. Зæххыл чи ис, уыдон дæс æмæ ссæдз азмæ куыст фæвæййынц æмæ сæ æхгæнын, райха- лын хъæуы. Уый та сæ аразынæй зынаргьдæр у. 169
Ф ы с с æ г. Андрей Петрович, уыцы атомон электро- станцæ кæй фехæлдзæн, уый хорз зыдтат сымах, академиктæ, хи- цауад. Цæуыннæ йæ сæхгæдтат афоныл? Ныр дзы чи куыста, уыдонæй кæйдæрты куы ’рцахстой, чидæртæ дзы сæхи куы амар- дтой, уæдцæр та сымах уæхи фæиуварс кодтат. Халон халоны цæст нæ къахы. Æмæ ныр ам хъæды сатæджы сыгъдæг уæлдæф улæфыс. Цæуыннæ бадыс ахæстоны иннæтимæ ды? Академик. Æфхæрыны фарста вазыгджын у. Фæлæ аххосджын хъуамæ æфхæрд æййафа. П е т к а. Нæ-æ. Сымах уым иумæ баст стут, кæрæдзиуыл къæм абадын нæ уадзут. Ордентæ, Сыгьзæрин Сгьалытæ исынмæ цæттæ сты, сæ бæллæхты тыххæй дзуапп та иннæтæ дæттæнт! Цы ма уа уымæй растдæр! М а д. Цæуыл нæ сафут? Цæуыннæ сæхгæнут Атомон электростанцæ? Цæмæ ма кæсут? Цалынмæ та иннæтæ дæр не срæмудзой, уæдмæ. Иууылдæр сæ сæхгæнут, нал нæ хъæуынц. Се ’ппæт иумæ иу уды царды аргь не сты. Сымах та ме ’нæуынон фестут. Мæ бон куы уаид, уæд уæ иууылдæр æрцахсин æмæ кæй бабын кодтат, уыдоны къухтæм уæ радтин. Уæ тæрхонгæнæг — кæй марут, уыдон хъуамæ уой сæхæдæг. Кæд уæ сауындзиккой бæрзонд хохы сæрмæ, æппæт адæммæ дæр куыд зынат, афтæ, цæмæй уæ зондыл макуыуал мачи ацæуа. Академик. Адæм куы фезнæт уой, уæд тæссаг сты. Рухс фидæнмæ мæгуыр æмæ гæвзыккæй цæуæн нæй. Хъуамæ алчидæр уа куырыхон, бонджын æмæ æдас йæхи цард æмæ йæхиуæтты царды тыххæй. А р с. 0, æнамонд лæг! Мах та уын цы кодтам? Цæуыл нæ цæгъдут атомтæ æмæ ядерон бомбæтæй? Мах фæрцы куы цæрут. Цæмæн ныл фæлварут уæ хæцæнгæрзтæ? Академик. 0, кæмæдæр уыд ахæм фæндон: сара- зæм бирæуæладзыгон хæдзæрттæй егъау горæт, байдзаг æй кæ- нæм сырдтæй, стæй йыл хæлæн тых сбæрæг кæныны тыххæй æрæппарæм термоядерон бомбæ. Хæдзæрттæ бирæ хæлдтам мах. Сырдтæ, мæргьтæ смæсты сты, мæсты хъæр-хъæлæба цæуы. У а н о. Уый æцæг хъæддæгтæ куы стут? Ахуыргонд, дам! Уæ сæрмæ та куыд æрцæуы ахæм æнæсæр хъуыдытæ? Ахъуыды 170
ма кæн, Академик, ахæм хæцæнгарз, æрмæст фыдгæнджыты, хæ- стæндзарджыты æмæ хæцæнгæрзтæ чи хъуыды кæны, уыдоны куыд мара. Æрхъуыды кæндзынæ? Нæ, не ’рхъуыды кæндзынæ, уымæн æмæ уый дæхи ныхмæ у. П е т к а. Зæгъ-ма, ныр та цы кусыс? Цы фыдбылызтæ нын лæхуры дæ зонды куырой? Академик. Нал кæнын уыцы куыст —ныууагътон хæ- цæнгæрзтæ аразыны хъуыддаг. П е т к а. Хорз нын фæдæ! Ныр, дам, нал аразын! Æцæг- дæр нал сараздзынæ — ныртæккæ дæ мах, кæй фæцагьтай, уыдо- ны фæстæ куы барвитæм, уæд. Булæмæргъ. Мæнæн дæр ма иу фарсты бар радтут. Ф ы с с æ г. Зæгь, зæгь, Булæмæргъ, дæ хорзæхæй. Б у л æ м æ р г ъ. Ды зарын зоныс, Академик? Академик. Нæ зонын. Булæмæргъ. Кафын та? Академик. Кафын дæр нæ зонын. Нæ мын уыд рæстæг. Б у л æ м æ р г ъ. Ды зарын нæ зоныс, кафын нæ зо- ныс. Сырдтæ, мæргьтæ дæр ма зонынц кафын, зарын, хъазын. Кæд дæ царды зарæг, циндзинад нæй, уæд цæмæн цæрыс? Уый цард нæу, уый зындон у. X ъ æ д г æ с. Цы йæм ныууырдыг стут? Цы йын дзу- рынц, уый кæны, æндæр цы кæна? Б и р æ г ъ. Æз схæц-æрхæц нæ уарзын. Мæнæ Арсы уынут? Уынут. Йæ фæд ма уæ агурын хъæуы? Нæ хъæуы. Нæ разы не знаджы уынæм? Уынæм. Йæ рафæрс-бафæрс ма нæ хъæуы? Нæ хъæуы. Апирæм æй, аскъуыдтæ йæ кæнæм æмæ фæци! У а н о. Ды раст дæ, Бирæгь, дæхирдыгонау. Фæлæ мæн базонын фæнды, Академик, лæгмар кæй дæ, уый дæхæдæг æм- баргæ нæ кæныс, æви дæ йæ бамбарын нæ фæнды? X ъ æ д г æ с. Цытæ дзурыс? Андрей Петрович нæу лæг- мар. Уæздандæр, сабырдæр лæг не ссардзынæ. У а н о. Дæу нæ фæрсын, Хъæдгæс, радтæд дзуапп йæхæдæг. Академик. Æз лæгмар нæ дæн. Хæцæнгæрзтæ ара- зæм хæсты ныхмæ. Хæцæнгæрзтæ нæм куынæ уа, уæд хæст рай- дайдзæн æмæ нæ ныццæгьддзысты. 171
А р с. Сымахмæ куынæ уа хæцæнгарз, иннæтæм куынæ уа хæцæнгарз, уæд цæмæй цæгъдут кæрæдзи? Мæнæ махмæ, сыр- дтæм, нæй хæцæнгарз æмæ нæ кæрæдзи нæ цæгьдæм. Академик. Æмæ уæ куыд фæнды? Æз хъуамæ ба- дон æнцад, тугдзыхтæ та сæ дæндæгтæ цыргь кæнынц мæ Рай- гуырæн бæстæмæ ныббырсын æмæ аныхъуырынмæ? Нæ, мæн нæ фæнды, цæмæй мæ зæххыл туджы зæйтæ цæуа, цæмæй мæ адæм сæ туджы мæцой. Мæ райгуырæн бæстæ тæссаг уавæры ис. Æз та æнцад бадон? Цыфыддæр знаг æхсæвы тары дæр йæ цæст нæ ныкъулы — хъавы, зилы нæ алыварс. Куыддæр фæтых- джындæр уа, афтæ нæ усæй, лæгæй, сывæллонæй, зæрондæй кæфты цагъд ныккæндзæн. Нал уыдзæн мæ зæххыл нæ цин, нæ зарæг, нал уыдзæн чингуытæ æмæ дидинджытæ, скъолатæ, чын- дзæхсæвтæ. Ныттар уыдзæн мæ бæстæ, басудздзæн нæ бæркад- джын зæхх, хъæрздзæн знаджы къæхты бын. Нæ, мæн мæ бæсты сæфт нæ фæнды! Æз дæн йæ хъахъхъæнджытæй иу æмæ мæ зонд, мæ хъару, мæ цард нæ бавгъау кæндзынæн йæ сæрап- понд. Ф ы с с æ г. Дæхи раст кæнынæн рæсугьд ныхас фæкод- тай. Наукæйы стырдæр бæрзæндтæм схызтыстут æмæ ерыс кæ- нут адæмы ныхмæ чи фыддæр марæнхос æрхъуыды кæна, ууыл. Термоядерон бомбæтæ, ракетæтæ аразыс æмæ хъæр кæныс: "Адæм, уæхи сæ хъахъхъæнут! Куы срæмудзой, уæд зæххыл цæ- рæг нал баззайдзæн!" Æмæ кæд афтæ у, уæд сæ зонгæ-зонын цæмæн аразыс? Академик. Æз кусгæ кæнын, æз бардзырд æххæст кæнын. Иннæмæй та адæм мингай азты размæ рæзты фæндагыл ныллæууыдысты æмæ сæ ничиуал бауромдзæн, сæ размæ цы- фæнды цæлхдуртæ, цыфæнды зындзинæдтæ куы уа, уæддæр. Цардæн бауромæн нæй. Ф ы с с æ г. Ядерон, термоядерон, баллистикон ракетæ- ты тых куы фæфæлварут, уæд уый фæстæ бирæ адæм мæлы рак- ты низæй, сывæллæттæ гуырынц сахъатæй — сæ тæригьæдæй зæрдæ скъуыйы. Уыцы хабар уын æнæзонгæ нæу. Академик. Зонæм æй. Фæлваргæ-фæлварын бирæ мæлы, чи сыл кусы, уыдонæй дæр: уыдонимæ инженертæ, меха- никтæ, конструктортæ, генералтæ, маршалтæ... Фæлæ та дард- 172
дæр нæ куыст кæнæм — æххæст кæнæм нæ хицауады бардзырд. Хæцæнгæрзтæ мах аразæм, фæлæ сæ куыд пайдагонд цæудзæн, уый мах нæ зонæм, махмæ нæ хауы. Мах сæ радтæм паддзæхты æмæ æфсæддон разамонджыты къухмæ. У а н о. Уый та куыд? Зондджын роботтæ стут, æви ахуыр- гæндтæ? Куыд ницы у уæ бон? И у а н е. Уыцы фыдбылызты кæуыл фæлварут, уыцы адæмы, куыйты, сæгъты, тæрхъусты хъизæмарæй мæлгæ куы фæ- уынут, уæд уæ зæрдæтæ куыннæ атонынц? Академик. Мах цин фæкæнæм, ног, иннæтæм чи нæма ис, ахæм хæцæнгарз саразын нæ къухы куы бафты, уæд ууыл. У а н о. Уæддæр мæ фарстæн дзуапп нæ радтай. Академик. Уыд ахæм хабар: загьтон паддзахæн — æгъгьæд фæуæд, мауал фæлварæм ядерон хæцæнгæрзтæ. Ныф- сытæ мын авæрдтой, фæлæ мæ фæрсгæ дæр нæ бакодтой, аф- тæмæй дарддæр сæ куыст кодтой: ног хæцæнгæрзтæ та хæлынц æмæ хæлынц. Æнæбон, æнæбар, æдых кæй дæн, уый мæ бауагь- та стыр маст æмæ мæхиуыл фæкуыдтон сывæллонау. П е т к а. Цæмæн сæ аразут, цæмæн? Кæй пайдайæн? Академик. Хъæуы нæ, тынг нæ хъæуы стыр æмæ тыхджын атомон электростанцæтæ. Уымæн æмæ энергетикæ у цивилизацийы фидар бындур. Мæ сæйрагдæр бæллиц та у, цæ- мæй термоядерон хæцæнгарз урома хæстæндзарджыты, фæлæ дзы пайдагонд макуы æрцæуа æппындæр. П е т к а. Уыцы стыр бæллæхтæ аразгæйæ хъуыды цæ- уыннæ кæнут, сæ хæрдзтæ сын мæгуыр адæмы бæрзæйæ кæй исут, сæ хъуырæй сын сæ къæбæр кæй сласут, ууыл. Адæмы хар- дзæй хæцæнгарзтæ араз æмæ дзы адæмæн сæхи фосы цагьд кæн. Ахæм фыдракондæн чи дæтты дзуапп? Академик. Æз æнæмбаргæ нæ уыдтæн — хорз зыд- тон, цавæр тæссаг, æвирхъау хъуыддагыл кусæм, уый. Фæлæ нæ къухы бафтыд хæцæнгæрзтæй раззагдæр бæстæты æмрæнхъ æр- лæууын, кæмдæрты та сæ разæй фæуын. Кæрæдзи термоядерон хæцæнгæрзтæй тæрсын кæнгæйæ, ног дунеон хæст урæд æрцыд. У а н о. Читæ сты де ’мбæлттæ? Уæ къуыртт уын куыд фе- халæм, уымæн нын баххуыс кæн. 173
Академик. Æппæты тыхджындæр ахуыргæндтæ: физиктæ, химиктæ, биологтæ, математиктæ æмæ æндæртæ ара- зынц мæлæтхæссæг ракетæтæ, нысанмæ йæхæдæг чи цæуы, ахæмтæ, сты нæ бæстæйы, иннæ раззагдæр бæстæты. Ф ы с с æ г. Сæхи раст кæнынæн æрхъуыды кодтой æнæсæр ныхас: "Сабырдзинад дæ хъæуы — дæхи цæттæ кæн хæ- стмæ". Кæнæ та ахæм: "Кæрæдзи тæрсын кæнгæйæ хæст ма ба- уадзæм". Мæнмæ гæсгæ уый у сæрхъæнты хъазт, хæцæнгæрзтæ скъæрынæн хорз æфсон. И у а н е. Цы мæт кæнынц! Сæхи хардзæй сæ куынæ ара- зынц, мыййаг. Ф ы с с æ г. Æз не ’мбарын, Андрей Петрович, паддза- хæдтæ бадзырд куы бафыстой, цæмæй атомон хæцæнгарз мауал цæуа уагъд, уæд æй цæуыннæ ’ххæст кæнут? Академик. Канд раззагдæр бæстæтæм нæ, фæлæ фæстæзад чи уыд, уыдонмæ дæр абон бирæ ис ядерон æмæ æн- дæр ахæм хæцæнгæрзтæ. У а н о. Уыдон дæр сæ сæхæдæг аразынц? Академик. Сæхæдæг нæ. Кæм сусæгæй, кæм æр- гомæй æлхæнынц æндæр бæстæтæй ракетæтæ, бомбæтæ... И у а н е. Махæй дæр æлхæнынц? Академик. 0, махæй дæр. У а н о. Уый та куыд? Иуæй сабырдзинадыл тох кæны нæ бæстæ, иннæмæй та хæцæнгæрзтæ уæй кæны — мæнæ уын яде- рон ракетæтæ æмæ хæцут, цæгъдут кæрæдзи! Нæ, æз нæ полити- кæ не ’мбарын, нæ мæм хъары. Куыд гæнæн ис афтæ, нæ зонын. П е т к а. Ядерон бомбæтæ гекъотæй арæхдæр фесты. Сæрхъæнты къухтæм куы бахауой — бабын ис бæстæ. Академик. Раст зæгьыс. Ядерон æнусы стыр тæс- саг уавæры кæй цæрæм, уый адæм нæма ’мбарынц. У а н о. Заводтæ æмæ фабриктæй чидæридцæр хæцæн- гæрзтæ уадзыны куыст кæны, уыдон иууылдæр фехалæм. Райха- лæм бомбæты, ракетæты иууылдæр, фесафæм, хæцæнгарзæй цыдæриддæр ис, уыдон. Академик. Раст у дæ хъуыды, фæлæ зын хъуыддаг у, тынг зын. Заводтæ, фабриктæ афтæ бирæ сты, афтæ бирæ адæм дзы кусы æмæ сын халæн, сæхгæнæн нæй. Æндæр куыст- 174
мæ сæ раив — ногæй араз уыцы заводтæ ’мæ фабрикты. Зын хъуыдцаг у. Стæй лæг цы сахуыр уа, уый йын аппарын кæн æмæ йæ ног хъуыддагыл сахуыр кæн, уый уæззау куыст у. Дæ дыккаг фарста ноджы зындæр у. Цыбырæй дын зæгьон. Се ’рхъуыды кæ- нынæй сæ райхалын зындæр у, тæссагдæр. Нæй сын халæн нæ- дæр зæххы бын, нæдæр доны бын, нæдæр космосы æнæ стыр бæллæхтæй. Уæд зæхыл цæрæг нал баззайдзæн. П е т к а. Уæдæ сæ фарсмæ хъуамæ тæрсгæ-ризгæйæ цæрæм? Куы сæ арæзтай, уæд дæ сæр кæм уыди? Ссар мадзал, дæ сæр дæр асæтт, уæддæр сæ райхал! Академик. Цæмæй атомон, ядерон, химион, термо- ядерон, баллистикон æмæ æндæр хæцæнгæрзтæ æдасæй райха- лай, уый тыххæй бахъæудзæн тынг бирæ аразын ног заводтæ, ног зынаргь техникæ кæм уа, ахæмтæ, æнæкæрон бирæ хæрдзтæ: сæдæгай миллиардтæ доллæртæй. Уыдон дæр та адæмы хар- дзæй. Стæй ма сын цæуыннæ ис халæн? Фæсарæнты, не знæгтæ кæй хонæм, уыдон ядерон хæцæнгарз къаддæр нæ кæнынц. Уыдон архайынц сæ хæстон тыхтæ фæнæуæгдæр, фæтыхджын- дæр кæныныл. Æфсæддон хъуыддæгтыл сæ хæрдзтæ къаддæр нæ кæнынц, фæлæ фылдæрæй-фылдæр. А р с. Уыдон дæр нæ не сты рох. Тагьд сæ удхæссæг сæ уæлхъус алæудзæн. И у а н е. Тыхджын æмæ зондцжын адæм рухс фидæн фæаразынц. Уый у сæ цин, сæ мæт, сæ бæллиц. Ног фæлтæртæн хуыздæр цард саразыны сæраппонд сæ цард дæр радтынц. Сы- мах та цы кусут, нæ ахуыргонд адæм?! Цард уын чи радта, чи уæ сахуыр кодта, чи уæ дары, уыдонæн бомбæтæй бузныг зæгъут?! Уæ тых, уæ хъару, уæ сæры магъз иууылдæр сарæзтат, цæмæй сæ ныццæгьдат, сæ рыг дæр мауал уа зæххыл! Худинаг! Худинаг! Æнамонд боны чи райгуырди, уыдон! П е т к а. Фæлтау æрæмбырд ут æппæт бæстæты ахуыр- гæндтæ иумæ æмæ æмдых, æмзондæй хъоды бакæнут хæцæн- гæрзтæ хъуыды кæныныл, сæ аразыныл. Уыцы удмарæг куыстмæ ма йæ къух дæр чи фæкæна, уыдоныл та бакæнут хъоды! Адæмы цæсты сæ бафтаут. У а н о. Зæгь-ма нын, ахуыргонд, ацы сылгоймаг (амоны мадмæ) дæуæн цы кодта? Исты дæ дары, мыййаг? 175
Академик. Ницы. Æз æй зонгæ дæр нæ кæнын. М а д. Сывæллæттæ дын ис? А к а д е м и к. Ис. М а д. Кæм сты, цы кусынц? Академик. Ахуыр кæнынц уæлдæр скъолаты. М а д. Ды та мæнæн мæ иунæг хъæбулы маргæ акодтай (кæуы). Фыццаг ын йæ фыды амардтай, стæй та йæхи. Дæхи сы- вæллæтты ахуырмæ ’рвитыс, мах сывæллæтты та — сау ингæнмæ. Хорз лæг дæ, куыннæ! Æдзæсгæмттæ, лæгмартæ! Уæ цæсгом та куыд хъæцы уæхи нæ сæрхъуызойтæ хонын?! X ъ æ д г æ с. Цытæ дзурыс? Уый Андрей Перовичмæ нæ хауы. Уый ахæм лæг нæу. У а н о. Уыцы æнамонд сывæллоны мах нæхæдæг баны- гæдтам. Зæрдæйы тугтæ ныккæлы. Мингай адæмтæн дæ туд- джын, дæ тæригъæдтæ тынг бирæ сты адæмы раз. И у а н е. Æппын уæ зæрдæ уæхиуыл нæ худы? Æви уæм адæймаджы миниуджытæй ницыуал баззад? Тæригъæд нал зонут, æви? Ф ы с с æ г. Дунетыл хъуыстгонд стыр фыссæг загьта, зæгъгæ, иу цæстысыг бахус кæнын у стырдæр сгуыхтдзинад æнæхъæн денджыз туг ныккæлынæй. Б æ л о н. Курын дæ, мæ зонгуытыл дæ разы ’рлæудзы- нæн, нæ зынаргъ Академик: мæлæт ныл куыд бафтыдтай, афтæ нæ ирвæзын дæр фæкæн. Ратт нын сабырдзинад, æнцой цард. Булæмæргъ. Цыфæнды дæр кæнут, фæлæ уæ ку- рын, лæгъстæ уын кæнын — ма амарут зарæджы! Бахъахъхъæнут зарæг, барæвдаут æй. Æнæ уый цард зындон у. А р с. Мæн сабырдзинад хъæуы мæ сывæллæттæн, дæ сывæллæттæн, уе ’ппæты сывæллæттæн. Мауал сæ марут! Мауал сæ судзут цъæх арты! Академик. Мæнмæ цы сарæзтат уæ маст? Цæмæн дæттын æз дзуапп нæ паддзахады тыххæй, æппæт паддзахæдты тыххæй? Æз иунæг нæ дæн мæ куысты. Стæй уын загьтон — æз бардзырд æххæст кодтон. Æмæ уæд мæ фарсмæ æрлæууæнт тæрхондоны раз, бардзырд чи лæвæрдта, уыдон дæр. Иннæ ахуыргæндтæ дæр. П е т к а. Уыдонмæ дæр бахæццæ уыдзыстæм. Мæрдты радыгай фæныгæнынц. 176
И у а н е. Уæдцæр ма дзурын уæнды. Иууылдæр сафинаг стут. Хуыцау уын ахæм хъысмæт радтæд, цæмæй уæ бон цæрын дæр ма уа æмæ мæлын дæр. Цæрыны аккаг не стут, æвиппайды мæлæт та уын æвгъау у. Б и р æ г ъ. Нал уæм у хъусын мæ бон! Цæй закъон дзы хъæуы? Йæхæдæг дæр закъонмæ каст, цæгъдын нæ куы райдыд- та, уæд? Ф ы с с æ г. Зæгъ дæ фæстаг ныхас, Академик. А к а д е м и к. Цы дын дзурон. Нæ уæ фæнды мæ бам- барын? Сымах цæут æрмæстдæр уæ масты фæдыл. Æмбарын æй — иугæр адæм, сырдтæ, мæргьтæ иумæ сыстадысты нæ ныхмæ, уæд уымæн бауромæн нал ис. Нæ паддзæхтæй иу иннæмæй кæ- ны йæхи лæгдæр, тыхджындæр. Кæрæдзийæ тæрсынц. Алчи дæр сæ архайы, цæмæй йæм уа фылдæр æмæ тыхджындæр æфсад. Æфсад хъуамæ уа гæрзифтонг. Иннæтæм чи нæма ис, ахæм хæ- цæнгæрзтæй. Афтæ мингай азты дæргъы абоны онг фылдæрæй- фылдæр кæны æфсæдты нымæц, ногæй-ногдæр та —хæцæнгæр- зтæ. Махæн та, наукæйы кусджытæн, нæ цин, нæ бæллиц у, чи нæма уыд, ахæм ногдзинад æрхъуыды кæнын. Æз афтæ арф аныгьуылын мæ хъуыдыты, мæ куысты æмæ мæхæдæг мæхицæй ферох вæййын. Æмæ та ног, æвирхъаудæр хæцæнгарз куы ’рхъуыды кæнын, фæлварæнтæ куы рацæуы æнтыстджынæй, уæд цыма мардæгасгæнæг суадон ссардтон, афтæ йыл фæцин кæнын. Фæлæ уæддæр лæгмар мæхи нæ хонын. М а й м у л и. 0, адæймаг! Цымæ цæмæн райгуырдтæ? Цæмæн фæзындтæ адунемæ? Бамбарæн дын нæй! Мæлæтимæ цингæнгæйæ хъазыс, дæхи ныхмæ мæлæтдзаг тох кæныс. Дæ цард хæрз цыбыр у, уæддæр ма йæ дæхæдæг цыбырдæртæ кæ- ныс. Цæмæн кæнут уæхи фыдвæд, æвæд, бынсæфт, бындзагъд, быныскъуыд? М а д. Байхъусут мæ фæндонмæ! Æз мадæлты номæй, адæмты номæй, ацы лæджы арæзт хæцæнгæрзтæй чи фæ- мард, уыдоны номæй, мæ иунæг зынгхуыст хъæбул æмæ мæ цардæмбалы номæй курын, цæмæй йын марыны тæрхон... ма скæнат. Адæм, сырдтæ, мæргьтæ сагъдау фесты, стæй базмæлыдысты: чи хъæр кæны, чи лæбургæ кæны. 12 Царды хос 177
Ф ы с с æ г. Фæлæуут! Байхъусут! Æххæст йæ хъуыды зæгъа кæронмæ. М а д. Æз бабын дæн, æз царæфтыд фæдæн. Æгъгъæд фæуæд фыдмитæн. Ис ацы дурзæрдæ ахуыргондæн сывæллæт- тæ, бинонтæ. Тæригъæд сты уыдон. П е т к а. Цытæ дзурыс? Кæд федтай марæгæн хатыр? Нæй, нæй! Мæлæт! Æрмæст мæлæт! Б и р æ г ъ. Нал, нал! Сымахмæ нал хъусын æз дæр. Йæ тæрхон конд у — йæхæдæг рахаста тæрхон йæхицæн. Кæсын æм нал хъæуы! Мæлæт! Петка, Арс, Бирæгъ, Рувас фæлæбурдтой Академикмæ, сырдты кълеткæйы йæ баппæрстой æмæ йыл гуы- дыр сæвæрдтой. Хъæдгæс майæ бæргæ иргьæвта, фæлæ А р - с и м æ йæ бон цы уыд. Бæстæ змæлд сси. Академик. Æрра фестут? Цы ми кæнут? Суадзут мæ! А р с. Уæдæ махæн æнцон вæййы, сымах нæ куы ’рцахсут æмæ нæ кълеткæты куы бакæнут уæхи ирхæфсынæн, уæд? Ныр та дын мах бакæсæм дæ митæм, нæ бынæттæ аивæм рæстæг- мæ. Академик. Тыхджын æмæ ныфсджын дæ, Арс, фæ- лæ дын æрдз дæ тыхмæ гæсгæ зонд нæ радта. А р с. Мæ фаг мæм ис. Дæумæ ис зонд, фæлæ дын у зыгъуыммæ, тæссаг. Дæ туг та у хъæстæ — маргæйдзаг. Афтæ дзурынц адæм. Б æ л о н. Суадзут æй, тæригъæд у. Марын æй нæ хьæуы. И у а н е. Фыдгæнæджы карз æфхæрын нæу тæригъæд. Уадз æмæ йæ иннæтæ дæр зоной: фыдгæнæг баййафы фыдæф- хæрд. Академик. Æз лауреат дæн! Социалистон Фæллойы Хъæбатыр! Депутат дæн. Уæ бон мын тæрхон кæнын нæу! Бар уæм нæй! Æнæфыдбылызæй мæ суадзут тагъд! У а н о. Ды махæн дæ фыдызнаг. Фыдызнагæн та хатыр нæ вæййы, чифæнды дæр уæд: дæлбикъонæй, уæлбикъонæй. П е т к а (Хъæдгæсæн). Ацы боцкъайы цы ис? 178
X ъ æ д г æ с. Уым геологтæн халæн æрмæг вæййы. Æв- налын æм нæ уадзынц. Тæссаг у. П е т к а. Тынг хорз! Хъусут мæм, æз уын цы дзурон, уый кæнут. (Сырдтæм). Кълеткæйы ма боцкъайы сæр авæрут. (Авæр- дтой йæ). Академик. Уæ сæры зонд фæцыд бынтондæр — уым халæн æрмæг ис! Топпы хосæй фыддæр у. Айсут боцкъа! Су- адзут мæ! П е т к а. Тæссаг у?! Уæдæ махæн тæссаг нæу, ды æппæт адæмты дæр ядерон æмæ термоядерон бомбæтыл куы сбадын кодтай. Кæд срæмудздзыстæм, уый бæрæг куынæ ис. Нæ-æ! Иугай уæ цæгъдын хъæуы, цалынмæ зæхх æнæхъæнæй дæр не срæмыгьтат, уæдмæ. Бирæгь, уæртæ ма судзæн тел радав æмæ йæ боцкъамæ баиу кæн. Йæ кæрон ын æз мæхæдæг ссудздзынæн. Б и р æ г ъ тел афидар кодта. М а д, мæргьтæ, X ъ æ д - г æ с æй ирвæзын кæнынц, фæлæ сæ А р с æввахс нæ уадзы. Академик. Айс тел уырдыгæй! Аппар æй! Хæлы! П е т к а. Нæ, ныр дæ кæрон æрхæццæ. Нал кæндзынæ адæмæн фыдбылыз. (Систа спичкæтæ æмæ ссыгъта телы кæ- рон). Хорз адæм, сырдтæ, мæргътæ, лидзгæ ут фæйнæрдæм! Ныртæккæ срæмудздзæн, фехæлдзæн! (Иууылдæр алыгьдысты фæссценæмæ. Тел судзгæ фæцæуы боцкъамæ). Академик. Фæдис! Марынц мæ! Фæдис! Марынц мæ! Фервæзын мæ кæнут! Сæфын! (Хъæдгæс сусæгæй æрбауад æмæ телы арт йæ къахæй ахуыссын кодта. Йæ фæстæ ’рбауады- сты Петка, Арс, Бирæгь æмæ Рувас, тъæппытæгæнгæ аскъæфтой Хъæдгæсы. Петка та тел ногæй ссыгъта. Тел та судзгæ фæцæуы боцкъамæ). Суадзут мæ! Тагъддæр æй ахуыссын кæнут! Ахуыссын æй кæнут! Фервæзын мæ кæнут! Хæлы! Æрбацыд М а д, æнæуынон каст бакодта Академикмæ. Ныббар мын мæ рæдыд! Фервæзын мæ кæн! Курын дæ — тел ахуыссын кæн! М а д йæ къахæй телы арт ахуыссын кодта, тел боцкъайæ ратыдта æмæ йæ иуæрдæм баппæрста. Иууылдæр æрбаздæхтысты фæстæмæ. М а д. Мæ хатыр ын фæкæнут. Ныууадзут æй. 179
Б и р æ г ъ. 0, сымах нын цы Хуыцау бавзарын кодта, уый дæлæмæ ’рхауа. Нæхицæн сабыр цардыстæм, алцыдæр нын уыд нæ фаг. Ныр та уынгæджы фестæм. Сымах уæхи дæр нæ уар- зут, мах дæр нæ уарзут, уæхи дæр марут, мах дæр марут. П е т к а. Мæнæн уæлдай нæу, хæст чи къахы, уый марын хъæуы — хуымæтæг лæг уа, Академик уа, паддзах уа. Мæлын кæй нæ фæнды, уый хъуамæ æнæсцухæй тох кæна хæсты ныхмæ. У а н о. Фыдгæнджыты иууылдæр ахсдзыстæм æмæ мын сар сæ сæр кæны — аккаг тæрхон сын скæндзыстæм. А р с. Цалынмæ ма нæ хъару нæхимæ ис, уæдмæ баиу кæ- нæм нæ тых, нæ зонд, нæ хъару æмæ бахъахъхъæнæм фидæны фæлтæртæн Хур, Зæхх, Арв, Мæй, Стъалытæ, Дон æмæ Уæлдæф. Ф ы с с æ г. Рауадзут ахст лæджы. Ныййарæг мад, зиан- джын, йæ тудджыны нæ бауагьта марын. Цæйбæрц тых дæм раз- ынд, рыстзæрдæ сылгоймаг?! Ирвæзынгæнæг! Æз дис кæнын нæ адæмыл, æппæт дунейы адæмтыл: æнцад куыд бадут уæ хæдзæр- тты, æнцад-æнцойæ куыд кæнут фынæй? Алкæмæн дæр уæ йæ хæдзары дуармæ, хæрз хæстæг атомон, ядерон, химион бомбæ- тæ хæлынæввонгæй куы лæууы?! Сыстут иууылдæр! Цомут фæди- сы. Фервæзын кæнæм мæлæтæй нæ цард! X ъ æ д г æ с. Ауадзут уемæ мæн дæр. Академик. Мæн дæр. Хотыхтæй æрфистæг кæнын канд æфсæддонты нæ хъæуы. Уыцы низæй ссыгьдæг хъæуы æп- пæт адæмæн дæр сæ хъуыдытæ, сæ зæрдæтæ. Æгæр арф уидæг- тæ йын ис. Ф ы с с æ г (йе ’мбæлтгæм). Куыд зæгьут, уадзæм сæ немæ? (Хъæлæстæ "уадзæм"). Хорз, фæуæд афтæ, цомут немæ. Нæ хæс уæззау у, тæссаг, фæлæ бæрнон æмæ ахсджиаг. Фæди- сы фæндагыл нæ бахъæудзæн дæ зонд, Андрей Петрович, дæ кад æмæ дæ намыс. М а д. Цомут нæ фæндагыл дарддæр. Фæдисы дзæнгæ- рæг хъуамæ æнцад ма лæууа. Фæдисы дзæнгæрæг хъуамæ цæгъ- да æмæ цæгьда æнæрынцойæ. Тынгæй-тынгдæр, дун-дунетæ йæ иууылдæр куыд хъусой, афтæ! Адæм, бамбарут! Сæфæм нæхи фыдæй, сæфæм нæхи зондæй! Адæм! Бахъахъхъæнут адæмы! Æмбæрзæн.
БОРÆХАН ÆМÆ АСÆХМÆТ Дыууæактон авднывон пьесæ АРХАЙДЖЫТÆ: Æ л д а р Æ х с и н — Æлдары ус. Ханысиат Пæсæхан — Æлдары чызджытæ. Б о р æ х а н Асæхмæт — Борæханы уарзон. X о р а н — Зæронд лæг. Д о л æ т — Фæсхохы æлдар. Къулбадæг ус X у с и Ф и д и у æ г Ф ы й й а у Залиаг калм. Б е р к у т — цæргæс. Лæггадгæнджытæ, æххуырстытæ, адæм, сырдтæ, мæргьтæ, бæхтæ. 181
ФЫЦЦАГ АКТ ФЫЦЦАГ НЫВ Æ л д а р ы галуан. Йæ алыварс — дыргьбæлæстæ. Хъæздыг цар- ды бæрæггæнæнтæ. Хъæлдзæг, худгæйæ рацыдысты Ханысиат æмæ П æ с æ х а н. X а н ы с и а т. Мæнæ ам абадæм, ацы сыгьдæг уæл- дæфмæ гыццыл нæхи аирхæфсæм. П æ с æ х а н. Ханысиат, цалынмæ нæхæдæг стæм, уæдмæ ма мын мæ уарзон зарæг акæн. X а н ы с и а т. Дæуæн та дæ зæрдæ æппынæдзух за- рын агуры. Худинаг у, уыцы зарæг заргæ нæ исчи куы фехъуса, уæд. Фæлтау дын цæгъдгæ акæндзынæн. (Цæгьды рæсугъд цагъд. Пæсæхан æй фæурæдта). П æ с æ х а н. Уый хорз цагъд у, тынг хорз цагъд, фæлæ мæ зарæг, мæ зарæг. Азар ма йæ! Цæй-ма! Мæ хъуыры цъар дын ивазын. X а н ы с и а т. Цы рæуæг дæ! Уарзоны зарджытæ кæн- гæ нæ исчи куы ’рбаййафа, уæд нæ худинаджы хъæр айхъуыс- дзæн. Уæлдайдæр дзы ахæм ныхæстæ ис æмæ мæ цæсгом ссудзы. П æ с æ х а н. Æмæ уыцы ныхæстæ фæуадз, уæддæр æй азар. Уымæн Нана амæлæд, чи мын æй нæ азара. X а н ы с и а т. Тобæ! Тобæ! Æлло, зæгъ! Фæлтау дын зарын. Цæй хивæнд дæ, цæй хивæнд! Цалынмæ йæхион йæхи фæуа, уæдмæ нæ ныууадздзæн. Хъусыс — æрмæст сабыргай. (Райдыдта цæгьдын æмæ сабыргай базарыд. Пæсæхан дæр за- ры, стæй фестад æмæ кафы). Сæ дыргьдоны, дам, урс дуртæ, Æрбакалдтой сæ кауы ’рдæм, гьей. Кæм фесæфтыстут, усгуртæ, Цæуыннæ цæут махырдæм, гьей. Ох, цы кæнон, куыд кæнон — Цæуыннæ цæут махырдæм? — гьей. Сæ уæлхæдзары сæкæртæ, ’ Æрбакалди сыл пырхæндæг, гъей. 182
Æлдары чызгæн йæ зæрдæ Фыруарзтæй бынтон нырхæндæг, гьей. Ох, цы кæнон, куыд кæнон — Фыруарзтæй бынтон нырхæндæг, гьей. Ханысиат (фæурæдта цæгьдын, зарын). Æгьгьæд уал фæуæд. Кæронмæ йæ иннæ хатт азардзыстæм. П æ с æ х а н. Ханысиат, йæ дзæбæхтæ йын фæуагъ- тай... Ехх, æмæ... Цы дын зæгъынмæ хъавын, уый ма базон. X а н ы с и а т. Дæ зарæгæн йæ цæхджынтæ дæр цæ- мæй азарон, нæ? П æ с æ х а н. Нæ йæ базыдтай. X а н ы с и а т. Куы мын æй зæгъай, уæд æй базондзы- нæн. П æ с æ х а н. Бар дæ куы уаид, уæд цавæр мой скæнис? X а н ы с и а т. Ацæуы — фæцæуы æмæ та мойы кой ра- кæны. Хъус уæдæ. Æз ахæм мой скæнин æмæ авдсæрон уæйыджы æмæ авдсæрон кæфхъуындары чи амара, тæхгæ-тæхын цъиуы цæст чи акъуыра, цыкурайы фæрдыг мын чи балæвар кæ- на, хъуазы æхсыр мын чи ’рхæсса æмæ сыгъзæрин галуантæ кæ- мæн уа. П æ с æ х а н. Цытæ мын дзурыс? Уæд ды никуы смой кæндзынæ. Кæд ма федтай ахæм сахъгуырдтæ, ахæм усгуртæ. Æз уыдонмæ не ’нхъæлмæ кæсын. Æз та ахæм мой скæнин, хъæздыг чи уа æмæ цæуæт бирæ чи уарза. Æз ын балæвар кæнин фараст лæппуйы æмæ иу цъæх чызг. X а н ы с и а т. Цавæр у?! Ныртæккæ ма уый бæрц цот чи кæны? П æ с æ х а н. Æз кæндзынæн. Дзæбæх мой мæ фæу- æд, æндæр ма-иу фæкæс. X а н ы с и а т. Мæ цæст дын уарзы. Дæ хъустæ сæ бай- дзаг уæнт. П æ с æ х а н. Ноджы ма дын зæгъынмæ хъавыдтæн... Зæгъын, ныр Борæханæн дæр моймæ цæуын афон у: рæсугъд, хæрзконд, гуырвидауц, хуртæ æмæ дзы мæйтæ кæсы. X а н ы с и а т. Ома, ды Борæханы хистæр кæй дæ, æз та дæ хистæр кæй дæн, уый мын зæгъынмæ хъавыс? 183
П æ с æ х а н. Ницы, фæлæ, зæгъын, ды дæ амонд куы ссарис, уæд Борæхан дæр кæд истытæ кæнид. X а н ы с и а т. Уæдæ, уæдæ! Тынг тыхст дæ Борæха- ныл. Æхсæв дыл хуыссæг нал хæцы йæ мæтæй! Фæлтау ма мын æргом дæ хъуыды зæгъ, мæ кæстæр хо Пæсæхан: моймæ цæуын дæ ’рфæндыд æмæ йæ цы ’мбæхсыс? П æ с æ х а н. Æз ницы, фæлæ... Дæуæн дæр рагæй у афон... Дада дæр йæ чызджыты моймæ æрвитыны кой нæ кæны... Исчи йын куы бамбарын кæнид... X а н ы с и а т. Дæ фæндонæй æз мой нал кæнын. П æ с æ х а н. Цæуыннæ? Уæдæ цы бадыс?.. Уæд та дæ . кæстæртæн радт бар... X а н ы с и а т. Дæ бар дæхи! Тæккæ абон дæр атæх! Чи дæ уромы?.. Æрбацыд Б о р æ х а н. Б о р æ х а н. Цы та кодтат? Цы къæм бахауд уæ мыды? Уæ хъæр уынгмæ куы хъуысы. X а н ы с и а т. Мæнæ дыл дæ хистæр хо Пæсæхан тынг тыхсы, Борæханæн, дам, афон у моймæ цæуынæн æмæ, дам, æй ды, ома, æз, хъыгдарыс, фæндаг ын нæ дæттыс. Пæсæхан. Ма йæм хъус, Борæхан. Æз афтæ нæ ’загътон. Б о р æ х а н. Ныууадзут ма мæ мæ адыл. Ма кæнут мæ кой. Уæхи хъуыддаг кæнут. Мæнæн нырма раджы у ахæм ныхæ- стæ кæнынæн. Уæ быцæутæ та худинаджы митæ сты. Хорз уыд æмæ уæ æддагонæй ничи фехъуыста. П æ с æ х а н. 0, нырма нын ды гыццыл гыгы дæ, авдæ- ны зарджытæ кæнын хъæуы дæуæн! Дæхицæй мын бынтон сы- вæллон ма араз... Стæй уын цы дзурын — бадут Нанайы фарсмæ, цалынмæ уыл урс дадалитæ нæ разайа, уæдмæ! Б о р æ х а н. Чыр-чыр æмæ кæл-кæл кæнын æгæр би- рæ уарзыс, Пæсæ. Куыннæ фæлмæцыс бон-изæрмæ айдæнмæ кæсынæй? Магусайæ мойуарзаг, агæппæввонгæй лæууы. П æ с æ х а н. Уæдæ мæ сифтындз æмæ хуымты адæг ралас-балас кæнон, мæ хид кæла, мæ къухтæ схауой, мæ астæу ныкъкъæдз уа. Афтæ дæ фæнды? 184
X а н ы с и а т. Борæхан, кæстæр дæ æмæ кæстæриуæг кæн, æндæр дыл ницы хæс æвæрд ис. Мах цы кусæм, уый дæу- мæ нæ хауы. Б о р æ х а н. Уæдæ кæлæхы галау уæхи куы ауадзут, уæд уæ ахæм схъæластæуæй даргæ та чи кæндзæн? Дзæгъæл бадты бæсты фæлтау исты къухмийыл ныххæцут, алдымбыдтæ уæддæр кæнут, бахъæудзысты уæ. П æ с æ х а н. Дæле уæлæмæ зондамонæг басгуыхт. Чи дæ фæрсы, цы кусæм, уымæй? Б о р æ х а н. Æниу дæумæ цы хъары, исты ми дæ къух- мæ райсыны бæсты дæ уд, дæ дзæцц æдзухдæр кафын, зарын, хъазын. Уым ды рæвдз дæ, амидингæнæг вæййыс дæхæдæг. Ханысиат (Борæханмæ). Дæхицæй нын цы аразыс, нæ зонын. Суанг ма нын йе ’хсинæгтæ дæр йæхæдæг фехсы. Æх- хуырстытæ, лæггадгæнджытæ бирæ — цæуыннæ сæ уадзыс сæ хæстæ æххæст кæнын? Æлдары чызг нæ дæ, æви? Б о р æ х а н. Æлдары чызгæн дæр хъæдын къухтæ нæ вæййы. Æххуырстытæ та... уыдон дæр адæймæгтæ сты, тæригъ- æд сын хъæуы. П æ с æ х а н. Уый сæ куыст у æмæ сын æй ма ис, кæд сын тæригъæд кæныс, уæд. Б о р æ х а н. Уæ бар уæхи, сæттыныл дзырд не стут. Æрмæст æй зонут — мæ ныхæстæ уæм искæдбон бахъардзысты, фæлæ... X а н ы с и а т. Банцайут, хæцут уæ дзыхтыл — æрба- цæуы Дада. Цомут ардыгæй... Æрбацыд Æ л д а р. Æ л д а р. Хъазут, мæ хуртæ, хъазут. Мæн ницы хъыгда- рут, æфсæрмы ма кæнут. X а н ы с и а т. Хорз аулæфыдыстæм, Дада, æгъгьæд уал нын фæуæд. Цыдæр кусинæгтæ нын ис æмæ мах цæуæм. Æ л д а р. Цæут, уæдæ, цæут; уæхи ма бафæллайын кæ- нут. Æрмæст-иу мын уæ мадмæ бадзурут, ардæм æруайæд. Чызджытæ ацæуынц, Æ л д а р сæ фæстæ кæсы — йæ зæрдæ сæ буц у... Мидбылты худгæ рацу-бацу кæны. 185
Бæсты рæсугьдтæ сты мæ чызджытæ. Зæххыл æртæ рæ- сугъды ис æмæ æртæ дæр сты мæ чызджытæ. Сæ афон æрхæц- цæ, кæсын сæм нал хъæуы. Дыргь йæ афоныл куынæ ’ртонай, уæд... Æрбацыд Æ х с и н. Æ х с и н. Агуырдтай мæ, нæ лæг? Цы хабар у? Æ л д а р. Хорз хабар, хорз хабар, не ’хсин. Абон дын хъу- амæ мæ фæндон зæгьон. Æ х с и н. Дæ фæндон мын раджы куы загътай. Уæдæ дæ хæдзармæ мæхи къахæй æрбацыдтæн. Æ л д а р. Ме ’хсин, æз хъазгæ нæ кæнын, нæ. Æз дын хорз хабар, хорз фæндон зæгъынмæ хъавын. Æ х с и н. Бæргæ, бæргæ. Дæуæй дæр искуы хорз ха- бæрттæ фехъус. Æ л д а р. Уæдæ мæм хъус лæмбынæг. Æртæ чызджы нын ис? Ис. Моймæ цæуын афон сын у? У. Исты цух сты? Не сты. Мах исты хъуаг стæм? Не стæм, Хуыцауæн табу. Æмæ уыдæттыл ахъуыды кæнгæйæ фидарæй скарстон — нæ чызджыты моймæ радтæм. Æртæ чызджы дæр иу бон иумæ моймæ радтæм. Æмæ сын зæххыл чи нæма уыд, ахæм чындзæхсæв скæнæм. Æ х с и н. Бæргæ, бæргæ, мæ уд дæр сын уый куы фес- тид. Афон дæр сын у... Фæлæ дæ не ’мбарын — æртæйæ дæр сæ иу бон цæмæн æрвитыс? Стæй нын сæ кургæ та чи кæны, кургæ? Æ л д а р. Ууыл мын дæ зæрдæ ма риссæд. Хъæздыгдзи- над кæм уа, уым мæ чызджыты хуызæттæм нæ, фæлæ цыфæнды чызгмæ дæр курджытæн нымæц нæ вæййы. Стæй хуымæтæджы курджытæ дæр нæ — амæй ай хуыздæртæ, амæй ай лæгдæртæ, амæй ай хъæздыгдæртæ. Æ х с и н. Æмæ, зæгъын, сæ иу бон цæмæн æрвитыс чындзы, иу бон? Уый хорз нæ фæхонынц. Æ л д а р. Уый хорз у, хорз, ме ’хсин. Уадз æмæ тагъд- дæр ссарой сæ амонд. Уадз æмæ æз дæр тагъдцæр фенон ме си- æхсты. Уый мæ тынг фæнды. Æмæ дæу нæ фæнды сæ фенын? И? Æ х с и н. Уæдæ ма æндæр цы хорзмæ бæллын мæ цар- ды? ,Фæлæ уæдцæр... 186
Æ л д а р. Иу "фæлæ" дæр нал! Тæккæ райсом æрвитын хонджытæ. Фидиуæг фехъусын кæндзæн алкæмæн дæр, мæнæй уый йе ’ртæ чызгæн агуры сиахсагæн хæрзтæй хуыздæрты. Æ х с и н. Цавæр райсом у? Цæттæ кæнын дæр нæ нæ хъæуы? Фæдис куы нæу. Фæстæдæрмæ йæ аргъæв. Æ л д а р. Нæй, нæй! Æргъæвæн ын нал ис! Уыцы амон- дджын бонмæ æз мæхи рагæй цæттæ кодтон. Дæу та цы цæттæ кæнын хъæуы? Кæмæн цы ’мбæлы, уый сын бамбарын кæн æмæ алчидæр йæ куыст кæндзæн. Æ х с и н. Ахæм чындзæхсæв куыд фæкæнынц, уый рæс- тмæ зонгæ дæр нæ кæнын... Сиахс бæрæг нæма ис, афтæмæй, дам, чындзæхсæв... Æ л д а р. Æмæ дзы цы зонын хъæуы: фыццаг уал хуынд адæмæн скæндзынæн стыр куывд. Уым хъазты рæстæджы нæ чызджытæ сæхицæн равзардзысты цардæмбæлттæ. Уый фæстæ та скæндзыстæм æрдхæрæны чындзæхсæв. Ныр æй бамбæр- стай? Цæугæ уæдæ æмæ нызмæлут, равдисут уе ’гъдау, уæ хъа- ру. Æ х с и н. Ахæм ма дзы диссаджы лæг уа? Æвиппайды, дам, æртæ чындзæхсæвы акæн! Уымæй дæр уыцы иу бон. Æмæ, дам, уæхи равдисут... (Ацæуы). Æ л д а р (йæхицæй разыйæ). Уæдæ куыд æнхъæлдтай, ме ’хсин! Æлдар æлдары митæ фæкæны! Æз дын хуымæтæджы лæг нæ дæн, нæ. Ахæм чындзæхсæв ныззилдзынæн, ахæм, æмæ йæ кой дун-дунетыл куыд айхъуыса. Ныр цæуон æз дæр æмæ бардзырдтæ радтон, кæмæн цы кæнын хъæуы, уый тыххæй. Æлдар ацыд. Рацыд Б о р æ х а н, йæ къухы хъуырау. Дидинджы- тыл дон кæны æмæ йæхицæн зары. Æрбаскъæрдтой Æ л д а р ы бæх- рæгьау. Иу байраг дзы ныууад ныккæндмæ. Борæхан æм кæсы аивæй. Байраг йæ царм аппæрста — бæстæ цæхæртæ акалдта æмæ фестад рæсугьд, хæрз- конд лæппу — Асæхмæт. Аракæс-бакæс кодта æмæ хъавгæ рацыд. А с æ х м æ т. Цымæ кæм ис мæ хурты хур Борæхан? Цы раны фæдæн: йæ уындмæ бæлгæйæ дзы мæхи æмбæхсын. Нæй мын мæхи раргом кæнæн, йемæ фембæлæн, сдзурæн. Уæд нæ дыууæйæн дæр не сæфт у. 0, Хуыцау, цы дын кодтон? Цæмæн ба- хаудтæн ахæм зындоны, цæмæн фæдæн æнæхай мæ цардамон- дæй? 187
Æрбайхъуыст Ханысиаты хъæр: "Пæсæхан! Пæсæхан!" А с æ х м æ т смидæг ныккæнды, йæ байрагдзарм акодта æмæ та бай- раг фестад. Æрбацыд Ханысиат. Борæханма æмбæхстæй лæууы: фыр цин æмæ фыр дисæй цы акæна, уый нæ зоны. X а н ы с и а т. Цы фесты, цы? Пæсæхан! Борæхан! Хæйрæг уæ фæхаста? Куы бахъæуынц, уæд цыма зæххы скъуыды аирвæзынц. Пæсæхан! Борæхан! (Пæсæхан рацыд). П æ с æ х а н. Бæстæ дæ сæрыл цы систай? Рагæй мæ нал федтай? Цы ’рцыди? Цы фæдис кæныс? X а н ы с и а т. Æрцыди, æрцыди! Ды цæмæ бæллыдтæ, уый æрцыди! Дæ хæрзæггурæггаг мæн! П æ с æ х а н. Цы хабар у? Зæгъ-ма йæ рæвдздæр, фыр цымыдисæй мæ уд схауы. X а н ы с и а т. Æмæ кæм ис Борæхан? П æ с æ х а н. Мæнæн уал æй тагьддæр зæгъ, мæ быцъ- ынæг скъуыйы. Борæханмæ цы кæсыс, уый кæстæр у, фехъус- дзæн æй фæстæдæр. Цæй-ма, цы у? X а н ы с и а т. Ахæм хабар, кæцы хауы не ’ртæмæ дæр, не ’ртæмæ дæр иумæ, иу рæстæджы. П æ с æ х а н. Зæгъ ма йæ тагьддæр. Дæ разы æрха- удзынæн ныртæккæ. Цы дурзæрдæ дæ, цы! Цæй-ма! X а н ы с и а т. Мигъты фæстæ нал у æмбæхст нæ амон- ды хур. Райсом ныл йæ зæрин тынтæ снывæндцзæн. П æ с æ х а н. Цытæ дзурыс? Æппындæр дын куы ницы æмбарын. Æргомдæр-ма йæ зæгъ. X а н ы с и а т. Дада фæдзырдта фидиуæгмæ. Мæ уаты рудзынг гом уыд æмæ сын сæ ныхас фехъуыстон бæлвырдæй. П æ с æ х а н. Æмæ цæуыл уыди сæ ныхас? Дзургæ-ма! X а н ы с и а т. Цæуыл, цæ, махыл, не ’ртæйыл: мæныл, дæуыл æмæ Борæханыл. П æ с æ х а н. Ома, дам, цы? Мæнæ цы и, мæнæ! Удхор! X а н ы с и а т. Дада загъта фидиуæгæн, абон, дам, æп- пæт бæстыл æрзил, фехъусын кæн адæмæн, Æлдар, дам, стыр куывд кæны æмæ уым йе ’ртæ чызджы сæхицæн æвзардзысты мойæгтæ. П æ с æ х а н. Æцæг зæгъыс, æви?! Хынджылæг ма кæн. Дæхи сæр хъазинаг! Æмæ мæ цы хъазыс? Чындзы цæуын кæй нæ 188
фæнды, ахæм чызг нæма райгуырд. Ды дæр æй кæд æмбæхсыо, уæддæр... X а н ы с и а т. Æцæг зæгьын, Пæсæ, нæ сайын. П æ с æ х а н. Уæдæ ма Нанайæ басомы кæн. X а н ы с и а т. Ныр ды æдзæсгом нæ дæ? Куыд мæ со- мы кæнын кæныс Нанайæ? Цы дæ сайын? Æцæгдзинад дын загъ- тон. Хæрзæггурæггаг цы дæттыс? Дардæй хъæргæнгæ æрбацыд фидиуæг. Чызджытæ амбæхстысты бæласы фæстæ. Ф и д и у æ г. Байхъусут! Байхъусут! Райсом æлдаратæ се ’ртæ чызгæн æвзардзысты æртæ сиахсы! Агурынц хæрзтæй хуыздæрты! Рацæут! Рацæут! Уæ амонд бавзарут! Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд! Нæртон куывдмæ рацæут! Уыцы ныхæстæ та ногæй хъæргæнгæ ацыд фидиуæг. Чызджытæ ра- цыдысты бæласы фæстæйæ. П æ с æ х а н худгæ, цингæнгæ ныхъхъæ- быс кодта X а н ы с и а т ы. П æ с æ х а н. Æцæг куы загьтай, æцæг! Мæнæ цы хорз у! Æцæгдæр нæм нæ амонды хур æрбакаст. Фæлæ дæм уæдцæр хæлæг кæнын, Ханысиат. X а н ы с и а т. Цæмæн уæд? Нæ чындзæхсæвтæ иу бон куы уыдзысты. П æ с æ х а н. Фыццаг æвзæрсты бар дæу уыдзæн, куыд хистæр, афтæ. Мыййаг мæ зæрдæмæ чи фæцæуа, уый ды куы рав- зарай, дæ нуазæн уымæ куы бахæссай, уæд мæ зæрдæ атондзæн... Рацыд æнкъардæй Б о р æ х а н. X а н ы с и а т. Кæм уыдтæ, кæ, Борæхан? Дæ хæрзæг- гурæггаг æрцæттæ кæн æмæ дын амондджын, цины хабар фехъ- усын кæнон. Б о р æ х а н. Уаих фæуат, мæ хотæ! Ныр цымæ цы фед- тат цинагæй? Цæй тынг фæтарстыстут уæ фыды уæзæгыл бад- гæйæ баззайынæй! Уæхи уромын дæр куынæуал фæразут. Цавæр у! Уæ цæсгом бынтон куы суагьтат. П æ с æ х а н. Цы уый зоныс, Борæхан? Кæстæр дæ æмæ дæ бынат зон. Хистæртæм куыд уæндыс? Цин кæн, мах фæрцы дæм амонд кæй æрхауд, ууыл. 189
Б о р æ х а н. Æнæмæт ут. Нæма кæнын æз мой... Нырма мын раджы у. Оымахау æз агæппæввонг нæ лæу- уын. X а н ы с и а т. Уæлдай ныхæстæ ма кæн! Дæ карæн мах дæр уыдыстæм,.фæлæ нæм ахæм амонд не ’рхауд. Цæугæ æмæ дæхи цæттæтæ каан. Цом ды дæр, Пæсæхан. Рæстæг нын бирæ нал ис. Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ Егьау кæрт. Йæ алыварс бæлæстæ, бандæттæ. Æ л д а р ы хуынд адæм кафынц, зарынц. тымбыл фынгыл уæливыхтæ, дзидзатæ, бæгæны, цæхх. Æрбацыдысты Æлдары чызджытæ. Æ л д а р райста бæгæныйы кæхц æмæ кувы. Æ л д а р. Йæ, иунæг кадджын Стыр Хуыцау, æххуысгæ- нæг фæу, табу дæхицæн! Абон мæ чызджытæн сæ амондæвзарæн бон у, æмæ хуыздæр амонд кæмæн радтай, уыдоны æмбал сæ бакæн. Æнустæм æмзай-æмзæронд кæимæ бауой рæсугъдæй, амондджынæй, æвæсмонæй, ахæм хорздзинад сын дæ цæст бау- арзæд. Ханысиат, мæ хур, фыццаг æвзæрсты бар дæумæ хауы: айс ацы кады нуазæн æмæ йæ бахæсс, дæ зæрдæмæ ацы фæси- вæдæй тынгдæр чи фæцæуа, уымæ. Ханысиат райста бæгæныйы кæхц æмæ фæсивæдыл иу зылд æркодта, стæй йæ нуазæн бахаста иу усгурмæ. Усгур цингæнгæ райста нуа- зæн, арфæ ракодта, анызта дзы æмæ йæ авæрдта йе ’мбæлттæм. Хъæлæ- стæ: "Иумæ ракафæнт". Фæндыр æрцагъта. Ракафыдысты. Хъæлæстæ: "Ца- ры фиу!" "Сæ амонд иу!" Адæм сын арфæтæ кæнынц кафты фæстæ. Æлдар та райста бæгæныйы кæхц. Ныр та, мæ хур Пæсæхан, дæ рад у. Акæс лæмбынæг æмæ ацы нуазæн бахæсс, дæ зæрдæ дæ кæмæ бакæна, уымæ. Уый хъуамæ уа ме ’мсæр, дæуæн дæр æмæ махæн дæр кадгæнæг. Айс æмæ ссар дæ амонд. П æ с æ х а н райста нуазæн, йæ цæст ахаста фæсивæдыл æмæ комкоммæ бацыд, кæй равзæрста, уымæ, радта бæгæныйы кæхц æмæ йæм сдзырдта 190
П æ с æ х а н. Айс мæ нуазæн. Ацы нуазæнимæ дын дæттын мæ уарзт, мæ цард, мæ зæрдæ. Лæппу айста нуазæн. Адæм та нымдзæгъд кодтой. Цины хъæртæ. Адон дæр та иумæ ракафыдысты. Æ л д а р та райста бæгæныйы кæхц. Æ л д а р. Мæ кæстæр чызг, мæ хъулонуарзт Борæхан. Дæ рад у ныр. Айс ды дæр ацы кадджын нуазæн æмæ равзар дæ- хицæн цардæмбал. Бакæс-ма ацы фæсивæдмæ — зæрдæ сæ райы, иууылдæр сты арвуациллаты хуызæн. Равзар дзы, амонд- джын къахдзæф дын фæуæд. Б о р æ х а н æвæндонæй райста бæгæныйы кæхц. Сабыргай æр- зылд фæсивæдыл, фæлæ йæ нуазæн никæмæ радта. Баздæхт фæстæмæ æмæ йæ æрæвæрдта тымбыл фынгыл. Б о р æ х а н. Дада, ныббар мын, фæлæ мæ афон нæма у, мæ рад нæма ’рхæццæ. Б о р æ х а н тарстхуызæй ацыди иуварс. Адæм исдуг цавдцуртау фесты, стæй схор-хор кодтой: "Æнæрцæугæ хабар!" "Афтæ нæ вæййы!" "Ахæм фæсивæдæй макæй равзар!" Æлдар рамæсты, фæлæ адæмы сабыр кæны. Æ л д а р. Кафут уал, хъазут. Æз мæхæдæг аныхас кæн- дзынæн Борæханимæ. Кæмæдæр уæ, нæ сахъ фæсивæд, стыр амонд кæсы æнхъæлмæ. Стыр амонд та къухы афтæ æнцонæй нæ бафты. Фæндыр, фæндыр! Мах дæр уæм фæстæдæр зындзыс- тæм. Б о р æ х а н (иунæгæй). Уынгæджы бахауди мæ сæр. Цы ма кæнон — нæ зонын. Фæнды дæ, нæ, уæддæр, дам, ацу моймæ. Кæмæ? Цæмæн хъæуы тыхми кæнын. 0, Стыр Хуыцау, фыдбылызæй мæ бахиз, цы кæнон ныр. Мæхи уал искуы бамбæх- син уæд та. (Фæцæуы. Æрбацыд æлдар æмæ йæм дзуры). Æ л д а р. Борæ, кæдæм? Куыд ныууагътай нæ цыты уаз- джыты сæхи бар? Б о р æ х а н. Цыдæр æнæфæразгæ дæн... Мæхи, зæ- гъын, гыццыл æруадзон. Æ л д а р. Зæххы цъарыл хуыздæр усгур кæм уыд — æр- цыдысты лæгæвзæрстæй мæ кæртмæ. Нæртон куывд сын скод- тон. Æвзарынц ныр сæ тых, сæ зонд, сæ хъару, сæ арæхстдзи- нæдтæ. Цы фау сæм хæссыс? 191
Б о р æ х а н. Хорз сты, Дада, нæ сæ фауын æз дæр, фæлæ дзы иунæг дæр мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Æ л д а р. Цæуыннæ уæд? Кæд сæм нæ хæссыс фау, уæд дын цы ’фсон ис? Б о р æ х а н. Нæ зонын... Æ л д а р. Борæ, мæ хур, кæй куыд фæнды, афтæ куы кæна, уæд цард хæлд у, уæлдайдæр та бинонты цард. Нæ фыдæл- тæм æгъдау уымæн уыд æмæ сæ сывæллæтты никуы уагътой сæ- хи бар, уæгъдидонæй. Æмæ уыд бинонтæм иудзинад, æнгомдзи- над, уæздандзинад. Б о р æ х а н. Зонын æй, Дада, æнгом бинонтæм фарн цæуы, тызмæг бинонтæй фарн лидзы... Фæлæ мын бахатыр кæн — ацы хъуыддаджы махæн æмзонд уæвæн нæй. Æ л д а р. Адæм дын аргъ кæй кæнынц, кæй дæ уарзынц, уымæй хъуамæ дæхи амондцжын хонай. Стæй дын мæ зæрдæ æрмæст хорздзинад кæй зæгъы, уый дæ ма уæд рох. Борæхан. Æз бузныг дæн адæмæй дæр, усгуртæй дæр, алкæмæй дæр, фæлæ мын мæ уды бартæ айсынмæ кæй хъавынц, уый мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Æ л д а р. Æппындæр нæ! Дæхицæн дын куы радтам бар — хуыздæрты хуыздæртæй дæхæдæг равзар дæхицæн къай. Цы ма дæ хъæуы? Б о р æ х а н. Нæ зонын. Ныббар мын, Дада, мæ къæй- ных ныхас, фæлæ æз цыдæр æндæр амондмæ кувын. Æ л д а р. Хуыздæр амонд ссарæн нæй. Зæххыл хуыздæр лæппу кæм уыд, уыдон иууылдæр дæ цуры сты æмæ дзы равзар. Амонд дæм нæ къæсæрмæ йæхи къахæй æрцыди, — ма йæ ауадз, ма фæрæди. Б о р æ х а н. Дада, кæй мæ уарзыс, кæй мыл тыхсыс, уый зонын. Æрмæст мæ бамбар, ма мæм кæн хæрам. Æз дæр мæ амонд агурдзынæн, цалынмæ йæ ссарон, уæдмæ. Æ л д а р. Мæ чызг, рæдийыс! Дæ хистæр хоты бафæзм: райс дæ къухмæ нуазæн æмæ йæ бахæсс дæ мойагмæ. Дæ чын- дзæхсæв æппæтæй дæр цæттæ у. Æрбацыд Æ х с и н. Æ х с и н (Æлдармæ). Адæм дæумæ кæсынц æнхъæлмæ. Цы лæуут ам? Цæут, зæгъут сын исты: уæ уынаффæ, уæ хъуыды. 192
Æ л д а р (мæстыйæ). Цæй уынаффæ?! Цæй хъуыды?! Ныффæрск ис мæнæ, никæмæн дзы комы! Дæхи хуызæн æнæ: сæтгæ, налат у. Æ х с и н. Мæ къона фехæлд. Уый та куыд? Цы зæгъдзы- сты нæ уазджытæ, нæ хъæубæстæ, нæ адæм? Дæ фыдмæ байхъ- ус. Борæ, мæ къона, мæ зæрдæвæрæн. Ахæм бон нæ царды иунæг хатт вæййы. Цом, мæ къона, цом, дæ амонд равзар. Б о р æ х а н. Мæ ныхас загътон æз Дадайæн. Йæ аивын нæ бауыдзæн мæ бон... Æ л д а р. Ныр дæ цы фæрсын? Искæмæн дæ ратдзынæн мæхæдæг, цæмæй нæ фæуæм худинаг, кæуинаг. Б о р æ х а н. Нæ, нæ! Дада, Нана! Фæлтау мæ амарут уæхæдæг. Мæ цардæй мын цæмæн кæнут зындон? Уæ цæст мын ахæм сау тæрхон куыд уарзы?.. Æ л д а р (мæстыйæ). Ныхъхъус у! Нал фæрсдзынæн дæу! Мæ фæндон конд у, алыг ис! Æ х с и н (йæ лæгмæ). Мæ къона фехæлд! Уый та куыд? Фæлæуу-ма, бамбарæм кæрæдзи... Æвæндонæй цæмæн дæттæм нæ чызджы? Ныр уал дзы арвитæм дыууæйы, стæй Борæйæн дæр Хуыцау, мыййаг, кæд исты амонд радтид. Æ л д а р. Фæзылдтæ иннæрдæм ды дæр?! 0, сылгой- мæгтæ, æппын уыл æууæнк куыннæ ис! Æ х с и н. Æрсабыр у. Акæс адæммæ. Зæгъдзыстæм, кæ- стæр йæхи æвзæр хаты ныртæккæ. Куы сдзæбæх уа, уæд та уæм ног хабархæссæг уыдзæн. Æ л д а р. Уазджыты хатыр уын уæд, æндæр сымахæн цы хъæуы, уый æз бæргæ зонын. Худинаггæнджытæ... Ацыди хылгæнгæ. Б о р æ х а н кæугæйæ йæхи баппæрста йæ мадыл. Б о р æ х а н. Нана, мæ ирвæзынгæнæг, мæн тыххæй ма дæумæ дæр маст æрхауди. Æ х с и н. Кæд ууыл баззайæм, уæд æй хъуыды дæр ма кæн. Æрсабыр у, мæ къона. Фæлæ дæ фыдмæ æгæр къæйныхæй равдыстай дæхи. Уый ахæмтæ нæ барста. Б о р æ х а н. Цы ма кодтаин, нал мын уыд гæнæн. 13 Царды хос 193
Æ х с и н. Дæхи йæм ма равдис, цалынмæ æрсабыр уа, уæдмæ. Æз сæм цæуон. Мыййаг дзы исчи змæнтæн куыст куы кæна. Къуылымпыгæнæн циндзинадæн нæй. (Æхсин ацыд). Б о р æ х а н. Дæхи, дам, ма равдис Дадамæ. Уæдæ цы фæуон? Кæдæм фæцæуон? Мæ къах мæ ардыгæй куы никуыдæм хæссы. Ам ныккæнды куы ферттывта бонвæрнонау ме стъалы. Мæ уд дзы куы баззад, уæд кæдæм ис ацæуæн мæнæн. Æризæр. Æрбаскъæрдтой та Æ л д а р ы бæхрæгъау. Байраг та смидæг ныккæнды. Йæ фæстæ хъуызгæ ныууад Б о р æ х а н. Байраг йæ царм аппæрста æмæ та фестад бæрзонд, хæрзконд рæсугьд лæппу. Б о р æ х а н лæппуйыл баппæрста йæхи. Б о р æ х а н. Мæн абонæй фæстæмæ Хуыцау дæуæн снывонд кодта. А с æ х м æ т. Хуыцау дын æй нæ ныббардзæн, дæхи æнамонд ма кæн! Б о р æ х а н. Нæ, нæ. Æз ныр мæ амондыл фæхæст дæн. Æнæ дæу цард мæнæн зындон уаид æнусмæ. А с æ х м æ т. Мæнмæ амонд не ссардзынæ ды, фæс- мон фæкæндзынæ дæ митыл. Нæма зоныс æз чи дæн. Б о р æ х а н. Мæ зæрдæ байдзаг цинæй... Дада та мæ кæмæндæрты лæвæрдта... А с æ х м æ т. Æмæ дын нал у тас? Æз дæр уæ хабæрт- тæ зыдтон. Мæ зæрдæ рыст, мæхицæн нал ардтон бынат: куы нал дæ фенон, уымæй тарстæн. Б о р æ х а н. 0, Амонд! Бузныг! Раздæхтай нæм де ’ргом. Мæ царды рухс, зæгь-ма мын, цы номæй дæм дзурон? А с æ х м æ т. Кæддæр, дам, мæхуыдтой Асæхмæт. Ныр та ма мын цæй ном ис: мæ ном байраг, дæ фыды бæхрæгъауæй. Б о р æ х а н. 0, мæ хурыскаст, мæ ныфс, мæ бæллиц Асæхмæт! Нырæй фæстæмæ нал уыдзынæ байраг. Нæ цард уыдзæни иумæ. А с æ х м æ т. Мæ цардамонд Борæхан, кæд адæмæй ам ничи ис, уæд акæсæм дунемæ иумæ. Уарзын кæсын уæ кæрт- мæ, уæ галуанмæ, уæ дыргътæм... (Асæхмæт ныккæндæй рахызт. Борæхан байрагдзарм басыгьта). Æллæх, басыгътæн, судзын! Бо- рæхан, цы бакуыстай! Цæмæн мæ бабын кодтай? Хуыцау дын æй нæ ныббардзæн. 194
Б о р æ х а н (цингæнгæ фæуайы Асæхмæтмæ). Ныр иумæ уыдзыстæм, кæрæдзийæ нын фæхицæнгæнæн нал ис. А с æ х м æ т. Цæмæн мæ фæкодтай дæ уындæй æнæ- хай? Ныр та мæ цард зындоны смидæг. Хæрзбон, мæ зæххон зæд, хорзæй баззай, хорз амонд ссар. Æз фæсхохы æлдарæн лæ- вæрд дæн, уымæй ам байраджы цармы æмбæхстæн. Ныр та фæ- стæмæ фестдзынæн сыгъзæрин коцораджын цъиу æмæ кæрæдзи нал фендзыстæм. Хорзæй баззай. Бæстæ аталынг. Дуне æрвнæрæгау ныккодта, фæздæг, арв ферттыв- та, А с æ х м æ т сыгьзæрин коцораджын цъиу фестад æмæ атахт. Б о р æ х а н фæтарст, джихæй аззад исдуг. Б о р æ х а н. Асæхмæт! Асæхмæт! Кæдæм тæхыс? Фæ- лæуу-ма! Асæхмæт! Раздæх фæстæмæ! Фæлæуу мæнмæ дæр! Азгьордта Асæхмæты фæдыл. Сценæ афтидæй аззад. Æр- талынг. Сындæггай æрбабон. Æ л д а р "офф" гæнгæ рацыд. Æ л д а р. Хорз рауадысты мæ хъуыддæгтæ. Раст мæхи куыд фæндыд, афтæ. Уæдæ мæ чызджытæн цас хæзнатæ радтон, цас! Суанг ма сæ тьымы-тъыматæ дæр мæ хæзнатæй хъæздыгæй цæрдзысты. Рацыд Æ х с и н. Æ х с и н. Дæ цуры куы ничи ис, уæд кæимæ дзурыс? Æви дæ расыг нæма ’рцыд? Æ л д а р. Æмæ расыг уыдтæн? Æ х с и н. Дæ хæдзармæ фæндаг нал зыдтай. Кæдæм- дæр-иу дæ ахастой дæ къæхтæ. Æ л д а р. Уый фыр цинæй... Фæлæ уæдцæр мæ чызджы- тæ ссардтой сæ амонд. Кæд мын лæппу — бындар нæ радтай, уæддæр мын хæрæфырттæ уыдзæн. Алкæмæн дæр сæ хъуамæ уа фараст лæппуйы æмæ иу цъæх чызг. Æз бирæ уарзын сабитæ. Æ х с и н. Бæргæ, æз дæр сæ уарзын. Æрмæст-иу сæ фыд дæ хуызæн карз, æгьатыр ма уæд. Æ л д а р (фæмæсты). Цытæ дзурыс, цы? Æгæр дæр ма уын барын. Сымахæн ехс хъæуы, ехс. Уæд мæ дæ чызг Борæимæ нæ ныммæстджын кодтаиккат. Ахæм ма дзы æнæбасæтгæ налат чызг уа! 195
Æ х с и н. Кæд ын исчи кæлæнтæ скодта, уæд уым цы ах- хосджын у Борæ? Дæсны йын бафæрсæм æмæ йын базонæм йæ аххосаг. Æндæр кæд уыд æгоммæгæс Борæ? Йæ хистæртæй æм- баргæдæр, хæрзæгъдау, хæрзарæхст. Æ л д а р. Марадз-ма фæдзур æм ардæм. Базонæм, цы зонд, цы хъуыды йæм ис, уый. Æ х с и н. Йæ тæригьæд дæ уæд. Знон дæр æй фæкæ- уын кодтай. Æгъгьæд ын у, ныууадз æй. Уадз æрсабыр уа, йæхи- мæ уал æрцæуа. Æ л д а р. Æз дæр æй марынмæ нæ хъавын, фæлæ хъу- амæ зонон — цæй тыххæй не сразы мæ дзырдыл? Æ х с и н. Фæстæдæр нын æй радзурдзæн йæхæдæг. Æ л д а р. Нæ, хъуамæ йæ базонон ныртæккæ. Æгæр мæ ма дзурын кæн. Цу дын загьтон æз! Æмæ, дам, ма мæсты кæн. Фæдзур æм тагьд! Æхсин. Хорз, хорз! Цæуын. Ма та райдай. Сабырæй-иу æм дзур æмæ дын уæд йæ зæгъинæгтæ иууылдæр зæгъдзæни. Æ х с и н ацыд. Æ л д а р. Куыд дзурын хъæуы, уый мæхæдæг зонын... Куы мын уыдаид иу лæппу уæдцæр бындарæн... Æ х с и н рацыд. Æ х с и н. Борæ йæ уаты нæй. Кæм уа цымæ?.. Мæ къо- на фехæлд, мацы бакусæд йæхицæн. Æ л д а р. Уæдæ кæм ис? Фен æй искуы. Дыргъдонмæ дæр акæс. Афæрс лæггадгæнджыты. (Æхсин ацыд). Бамбæхсти кæмдæр. Кæс-ма йæм цас налат у, уымæ! Фæлæуу, мæ бар дæ уадз, æз дын схос кæндзынæн. (Æрбацыд тарстæй Æхсин). Æ х с и н. Нæй никуы, никуы ис, ничи ницы зоны, ничи йæ федта... Дæу аххосæй! Дæу аххосæй мæ бинонты хуыздæр æр- байсæфт... Кæм дæ, Борæ, мæ зæрдæдарæн? (Кæуы. Адæм агу- рынц Борæханы). Æ л д а р (хъæр кæны). Ме ’ххуырстытæ! Фæсдзæуинтæ! Тагъд уæ исчи ардæм рауайæд! (Æрбацыд æххуырст). Æ х х у ы р с т. Дæ бæрзондцзинад! Агурæм, агурæм, фæлæ йæ нæ арæм. Æмæ ма дын иу хабар зæгьон, кæд бар рат- дзынæ, уæд. 196
Æ л д а р. Цы хабар ма дæм уа хъуамæ? Зæгъ æй! Æ х х у ы р с т. Дæ байрæпгæн дæр сæ хуыздæр фе- сæфт. Æ л д а р (фæмæсты). У-у, æнаккаг цъаммар! Цыма ныр- тæккæ байрагыл дæн! Цыфæнды дæр фæуæд. Тагъд æрæмбырд кæн фæсдзæуинæй, æххуырстæй, лæггадгæнæгæй нæм чидæри- дæр ис, уыдон æмæ цæут агурæг. Ссарут мын мæ чызг Борæйы. Æрзилут зæххы кæрæтты, дæлзæххæй, уæлзæххæй йæ алыран дæр фенут. Ссарут æй æмæ йæ ардæм ракæнут. Фехъусын кæн се ’ппæтæн дæр: мæ чызджы мын чи ссара, уымæн ратдзынæн мæ хæзнатæн, мæ бынтæн се ’мбис. Цæут! Фæстиат нал! Æ х с и н кæуы, адæмы змæлд. Æмбæрзæн. ÆРТЫККАГ НЫВ Æрдзы хъæбыс. Бæлæстæ. Йæ къæхтыл ма тыххæй лæууы, афтæмæй æрбацыд Б о р æ х а н. Б о р æ х а н. Кæм дæ, мæ цæсты рухс, мæ дуне? Мæ бон куынал у дæу агурынæй. Цы хæхтæм, цы бæстæм мын фæтах- тæ? Цæмæн мæ ныууагътай иунæгæй?.. Стъалыйау мæм иу æрт- тывд фæкодтай æмæ æрбайсæфтæ æнæнхъæлæджы. Цæмæн мæ фæкодтай фыдæнхъæл, царæфтыд?.. 0, мæргътæ, о, дымгæ! Уæд та мын сымах зæгьут, кæм ис мæ цæугæ хох Асæхмæт?.. Уæуу, куыд ма цæрон æнæ дæу... Йæхи æруагьта бæласы бын æмæ кæуы. Йæ разы февзæрд Къулбадæг ус. Борæхан дзы фæтарст. Уæуу! Куыд мæ фæтæрсын кодтай! Чи дæ, ам цы агурыс? Къулбадæг ус. Зæронд ус дæн, фæндаггон. Тæрсгæ мæ ма кæн. Кæсын дæм æмæ стыр масты дæхи хæрыс. Кæуинагæй дæ бахизæд Хуыцау. Цы дыл æрцыд? Цы кодтай? Б о р æ х а н. Æнæ аххосæй чи калдзæн цæссыг. Къулбадæг ус. Дæ судзгæ маст, дæ низы кой куы ракæнис мæнæн, уæд дын æнæмæнг фенцондæр уаид дæхи- цæн. 197
Б о р æ х а н. Цы дын дзурон, хорз ус, нæ зонын... Къулбадæг ус. Дзур, дзур, куыд уыд, цы уыд, кæдæм цæуыс, цы агурыс? Куы радзурай, дæ тыппыртæ куы су- адзай, уæд та дын фенцондæр уыдзæн зындзинæдтимæ тохы. Б о р æ х а н. Уæдæ мын хъус мæ зæрдæргомгæнæн ныхасмæ. Æлдары чызг дæн æз. Мæ ном Борæхан. Æртæ хойæ нæ иу бон нæ фыд лæвæрдта моймæ. Æз не сразы дæн. Мæнмæ мæ амонд байраджы хуызы æрбацыд. Йæ байраджы царм-иу ап- пæрста æмæ та-иу фестад сахъгуырд усгур. Къулбадæг ус. 0, уый диссаг у æцæгдæр. Æмæ, æмæ? Цы фæци ныр дæ байраг? Б о р æ х а н. Куы та ныууади ныккæндмæ, куы аппæр- ста йæ’байрагдзарм, уæд ын æй æз амбæхстон æмæ йæ басыгъ- тон. Къулбадæг ус. Уæууа, фæрæдыдтæ. Нæ йæ хъуыд судзын. Б о р æ х а н. Уæд лæппу фестад сыгъзæрин коцо- раджын цъиу æмæ кæдæмдæр атахт, фесæфт. Уæдæй фæстæмæ йæ агурын, цы ком, цы къуым нæ басгæрстон, ахæм мын нал баз- зад. Никуы æмæ ницы. Сагъæссаг фæдæн, кæуинаг. Къулбадæг ус. Æцæг æгæрон у дæ маст. Фæ- лæ уæддæр фæхæц дæхиуыл. Кæд зындзинæдтæй нæ тæрсыс, уæд хъæддых фæлæуу, фæхæц дæхиуыл, агур, агур. Б о р æ х а н. Бæргæ, мæ мады хай, бæргæ. Æз агургæ кæндзынæн, цалынмæ мæ уд лæууа, уæдмæ. Æрмæст кæдæм цæуон, кæм агурон, нæ зонын. Кæм нæ басгæрстон, ахæм мын нал баззад. Къулбадæг ус. Афтæ тынг кæй бауарзтай, уый хорз у. Уарзондзинад арæнтæ нæ зоны, нæй йæ ныхмæ аразæн цæлхдуртæ. Дæ уарзоныл афтæ æнувыд кæй дæ, уый тыххæй дын баххуыс кæндзынæн. Ныр мæ фæндмæ хъус. Б о р æ х а н. Хъусын дæм, мæ мады хай, лæмбынæг. Къулбадæг ус. Ацу æмæ хъæуы астæу дукани скæн дæхицæн. Уырдæм бирæ адæм цæудзæн æлхæнæг. Фæрс- иу сæ диссаджы хабæрттæй. Б о р æ % а н. Ома, кæд исчи исты зоны... Нæ мæ уырны. 198
Къулбадæг ус. Мауал хæр дæхи, мæ фæндмæ байхъус. Цу, дæ хъуыдцаг араз. Баууæнд мыл. Б о р æ х а н. Бузныг, хæларзæрдæ, цæстуарзон ус, дæ фæндмæ хъусын. Уыдзæн мæм дукани. Хæрзбон. Æмбæрзæн. Æрталынг. Музыкæ. Æмбæрзæн байгом. Разынд дукани. Уæйгæнæг Б о р æ х а н. Адæм цæуынц æмæ цыдæртæ æлхæнынц. Б о р æ х а н (æлхæнджытæй иумæ). Радзур-ма, дæ хор- зæхæй, диссагæй цы фехъуыстай, цы федтай фæстагдæр хатт? 1-аг æлхæнæг. Æппæтæй дæр диссаг у нæ цард. Адæм, дам, лидзынц уæларвмæ цæрынмæ. Уый диссаг нæу. Б о р æ х а н (æнкъардæй). Диссаг у, куыннæ. (1-агæл- хæнæг ацыд. Æрбацыд 2-аг æлхæнæг. Борæхан æй фæрсы: зæгь-ма мын, цы фехъуыстай диссагæй ацы фæстаг бонты?) 2-аг æлхæнæг. Диссаг куыннæ у, нæ сыхаг усæн райгуырд цыппар лæппуйы фаззæттæ. Фыццаг хатт ын рай- гуырд иу лæппу, афæдзы фæстæ — дыууæ лæппуйы, æртыккаг хатт та — æртæ лæппуйы. Фæндзæм хатт ын хъуамæ фондз фаз- зоны райгуыра, нæ? Куыд зæгъыс? Б о р æ х а н. Нæ зонын. Йæхи йын бафæрс уыцы усæн. (2-аг æлхæнæг ацыд. Борæхан фæрсы æртыккаджы). Зæгь-ма, æлхæнæг, ацы фæстаг заманты ды та цы фехъуыстай дисса- гæй? 3-аг æлхæнæг. Иу æлдар, дам, йе ’ртæ чыз- джы иу бон моймæ лæвæрдта. Сæ кæстæр, дам, моймæ нæ куым- дта æмæ сæ хæдзарæй алыгьд. Фесæфта йæ сæр. Тынг æй агу- рынц, фæлæ йæ нæма ссардтой. Уый дæм диссаг нæ кæсы? Цы- дæр æдылы чызг уыди, æндæр ма йæ цы хъуыд — смой кæн æмæ цæр дæхицæн. Б о р æ х а н (фæтыхст, фæмæсты). Хорз, хорз! Æгьгь- æд дзур! Дукани æхгæнгæ кæнын. (3-аг æлхæнæг ацыд). Мæ бон бакалд, цы ма кæнон? Мыййаг мæ ам куы ссарой. Асайдта мæ уыцы зæронд ус дæр: ничи ницы зоны. (Ахгæдта дукани. Æрбацыд зæронд лæг Хоран). X о р а н. Дæ бон хорз, дзæбæх чызг, æмæ хорз амонд дæ хай. Цæугæ кæныс? Борæхан. 0, цæуын мæ хъæуы. Тагъд кæнын. 199
X о р а н. Уæууа, æгæр мын айрæджы. Чысыл цыдæртæ мæ хъуыди, фæлæ кæд тагьд кæныс, уæд... Б о р æ х а н. Цæй рацу. Дæу аздахын мæ цæсгом нæ хъæцы. Æрмæст мын иу фарстайæн дзуапп радт. (Дуар байгом кодта, бацыдысты мидæмæ). X о р а н. Цы зонын, уый æргом зæгьдзынæн. Фæрс. Б о р æ х а н. Ныры онг чи никуыма ’рцыд, ахæм дис- сагæй кæд исты зоныс, исты федтай, кæнæ фехъуыстай, уæд мын æй радзур. Уый дын мæ фарста, уый дын мæ курдиат, хорз лæг. X о р а н. Æз диссæгтæ та куыннæ федтаин, ау! Уæдæ аф- тæ цæмæй базæронд дæн. Фæлæ дзы знонæй диссагдæр никуы федтон. Б о р æ х а н. Æмæ уагæры цавæр диссаг уыд? Радзур- ма мын æй, дæ хорзæхæй. X о р а н. Хъус уæдæ, мæ хур. Æз знон уыдтæн хъæды æмæ æхсæвы уым баззадтæн. Райсомæй раджы иу цъиу бæласы цонгыл абадт æмæ-иу фæткъуы йæ дзыхмæ куыдцæр систа, аф- тæ та-иу загьта: "Ехх, гъе ныр æз ацы фæткъуытæй хæрын, фæ- лæ дзы æлдары чызг дæр куы ахæрид". Ахæм диссаджы цъиу федтон. Уыдис ын сыгьзæрин коцора. Б о р æ х а н (фыр цинæй ма цы акæна, уый нал зоны). Мæ фыды хай! Мæ дукани дын иууылдæр дæттын, æрмæст мын фенын кæн уыцы цъиу. (Йæ цæссыгтæ асæрфта). X о р а н. Кæсын дæм, мæ хур, æмæ дис кæнын дæуыл дæр. Цы цин, цы ’хсызгондзинад дын æрхаста уыцы цъиуы кой? Дæ дукани кæй уындыл дæттыс, уый дын чи у? Б о р æ х а н. Канд дукани нæ — мæ уд дæр ратдзынæн йæ уындыл. X о р а н. Цъиуы тыххæй? Уанцон нæу? Б о р æ х а н. Нæ, нæ, мæ фыды хай. Уый хуымæтæджы цъиу нæу. Хатыр мын уæд, — фæлæ уый мæ уарзон у, мæ рухс амонд, мæ бæллиц. Йæ ном Асæхмæт. Фæлæ мæ иунæгæй ныу- уагъта — цъиу фестад æмæ атахт. Уæдæй нырмæ йæ агурын æх- сæвæй-бонæй. X о р а н. Диссагæй диссагдæр куы сты дæ хабæрттæ, мæ чызг. Дæ зæрдæйы уаг ма мын цы бамбарын хъæуы. 200
Б о р æ х а н. Мæ фыды хай, кæд искуы удыбæстæ скод- тай, кæд искуы искæй фервæзын кодтай йæ хъизæмæрттæй, уæд фæтæригьæд кæн мæнæн дæр — фæхæццæ мæ кæн Асæхмæт- мæ. X о р а н. Æмбарын дын дæ зындзинад, дæ сагъæс. Æр- мæст дæ курдиатæн сæххæстгæнæн нæй. Б о р æ х а н. Цæуыннæ уæд? X о р а н. Цъиу æртахти, æмæ атахт. Кæдæм, уый чи ба- зондзæн. Кæм æй хъуамæ агурæм? Б о р æ х а н. Кæм уыдтæ, уырдæм мын æнæ фæцæугæ нæй. Дæ хорзæхæй, мæ фыды хай, фæндаг мын амон, рацу ме- мæ. Курын дæ, дæхи хъæбулау. Мæ зонгуытыл æрлæудзынæн дæ разы. X о р а н. Нæ хъæуы, нæ хъæуы, мæ чызг! Куыд кæсын, афтæмæй дын бауромæн нал ис. Дæ тæригъæдмæ кæсгæйæ дур- тæ дæр базмæлдзысты сæ бынаты. Б о р æ х а н. Уæдæ цæуæм? Разы дæ мемæ цæуыныл? 0, бузныг, бузныг, мæ фыды хай! Дæ хорздзинад æнустæм дар- дзынæн мæ зæрдыл. Ныр цом, мауал сафæм рæстæг. X о р а н. Дард балцы фæраст стæм, афтæмæй кæрæдзи дæр нæ зонæм. Мæ ном Хоран. Б о р æ х а н. Æз та Борæхан дæн, æлдары чызг. X о р а н. Фæндагмæ исты райсæм немæ, хæрынæн ад- джын чи уа, хæссынæн та рæуæг. Б о р æ х а н. Дæ ныхæстыл бæрæг у, æцæг дард у нæ фæндаг. Фæндаггæгтæ — мæ бар. X о р а н. Йе, Уастырджи, фæндараст нæ фæкæн. Æмбæрзæн. ЦЫППÆРÆМ НЫВ Тархъæд. Æрбацыдысты фæлладæй Б о р æ х а н æмæ X о - ран. Борæхан æрбадт иу кæлдымыл. Б о р æ х а н. Аулæфæм иу гыццыл. X о р а н. Æвæццæгæн, кæдæмдæр атахт, æндæр, цыма, ам хæстæг уыд... Нæй æмæ нæй... Ды дæр æгæр ныффæлмæ- 201
цыдтæ, нал лæууыс дæ къахыл... Ныр изæр у... Аздæхæм фæстæ- мæ. Б о р æ х а н. Нæ, нæ, фæстæмæ здæхæн нæй. Цæуæм, цæуæм... Кæцы бæласы цонгыл бадти? Ссарæм æй. X о р а н. Уæдæ уал ды ам абад, аулæф. Æз дардцæр ба- уайон, ацагурон, азилон, фенон. Ныртæккæ дæм зындзынæн. Б о р æ х а н. Æз ам иунæгæй?.. Ма мæ ныууадз... Нæ уæндын... Стæй кæд мæхæдæг раздæр фенин... X о р а н. Борæхан, иу гыццыл уал суадз дæ фæллад. Æр- хауыс æмæ фестыс — афтæмæй кæдæм фæхæццæ уыдзынæ? Б о р æ х а н. Иунæгæй бæргæ тæрсын, фæлæ хуыздæр гæнæн дæр нæй: нал лæууын мæ къæхтыл. (Хоран ацыд. Борæ- хан кæуæгау кæны). Кæм дæ, мæ удлæууæн, кæм дæ? Мæхи Асæхмæт, цы стыр мæты мæ баппæрстай... Æртæх мæм, фæсур мын мæ фæллад. Мæ сагьæс, мæ рыст. Æрбабырыд Залиаг калм. Борæхан æй нæ уыны. К а л м. С-с-с. Мæнæ цы дзæбæх у, æрыгон, рæсугъд. Æз та æххормаг дæн, фыр зыдæй мæ уд схауы. Ахæм фæндараст ни- куыма фæдæн. Б о р æ х а н (фæтарст. Лидзынмæ хъавы, фæлæ калм йæ разы февзæрд). Ауадз мæ... Нæ мæ ’вдæлы... Тагьд кæнын... К а л м. С-с-с. Кæдæм тагъд кæныс-с-с? Мауал тагьд кæн. Æз нæ тагъд кæнын. Нал тагьд кæнын... Б о р æ х а н. Дæуæн дæр уарзон уыдаид, ис... Ауадз мæ... К а л м. Уарзон, уарзон. С-с-с. Дæ уарзон та ссардзæн йæхицæн уарзон, фæлæ æз дæ хуызæн хæрзад амæттаг нал ссардзынæн. Б о р æ х а н. Курын дæ, фæтæригъæд мын кæн, лæгъс- тæ дын кæнын — ма мæ бахæр, ма мæ амар. К а л м. С-с-с. Цытæ дзурыс, цы? Мæнæ ма дæ иу гыццыл ахъазон, ацинтæ дыл кæнон, стæй дæ уæд мæхицæн бæрæгбон сараздзынæн. Б о р æ х а н. Ауадз мæ, кæннод Хоранмæ фæдзурдзы- нæн æмæ дын уый дæ сæр ныссæтдзæн. 202
К а л м. Нæ-æ. Æз ахæм æдылы нæ дæн. С-с-с. Дæ Хр- ран ам куы уаид, уæд дæм не ’рбацыдаин. Æз рагæй уæ фæстæ зилын. Ныр уый дард у, дæ хъæр дын нæ фехъусдзæн. С-с-с. Б о р æ х а н. Хо-о-ра-ан! Хо-ра-н! Ардæм! Ардæм! Тагъ- ддæр! Калм мæ хæры! Тагьддæр ардæм! К а л м. С-с-с. Дæ хъæргæнæнтæ дын ныртæккæ æз ал- васдзынæн. С-с-с. (Йæхи баппæрста Борæханыл). Бо’рæхан, Фæдис! Хоран! Мары мæ калм! К а л м (æрбатыхта Борæханы). Ничиуал дын баххуыс кæндзæн. Фæцис-с-с дæ цард. Б о р æ х а н. Айс дæхи! Уæуу, дæдæй! Мæнæ цы мæр- дон уазал дæ! Айс дæхи! 0, исчи! Асæхмæт. Иу хатт ма дæ куы федтаин... Асæх... К а л м. Дзæгьæлы сты дæ хъæртæ. Ничиуал дæ фендзæ- ни, никæй уал фендзынæ ды дæр. (Æрбалвæста Борæханы æмæ дзы хъазæгау кæны. Уый мæлы. Æвиппайды фæзынд Беркут- цæргæс). Ц æ р г æ с. Æ-æ, цъаммар хилæгой! Ссардтон дæ, туг- цъир, тугмондаг! Ныр мын нал аирвæздзынæ! Æз дæ цырагъы рух- сæй куы агурын æмæ ныр мæ размæ куы фæдæ. К а л м. Цæмæн мæ агурыс-с? Цы дын кодтон? Айс дæхи ардыгæй. Æз мæнæ мæхицæн холы ссардтон æмæ мæ ма хъыг- дар. С-с-с. Ц æ р г æ с. Æз дын дæ холы дæхи фæкæндзынæн. Хо- лы уый нæу. Холы ды дæ мæнæн. Дæ маргæйдзаг туг æмæ фыд дын айнæджы тигътыл мургай ныппырх кæндзынæн, цъаммар! К а л м. Цæмæн? Цы дын кодтон? Тæхгæ кæн ардыгæй! Ц æ, р г æ с. Уæддæр ма фæрсын æмæ дзурын дæ цæс- гом хъæцы?! Уæвгæ маргхæссæг удхор калмæн цæсгом кæд уыди? Æз дын дæ марг æвзаг стондзынæн, дæ цæстытæ дын скъахдзынæн. К а л м. Ницы дæ дарын. Ма мæ хъыгдар. Тæхгæ! Ц æ р г æ с. Ницы мæ дарыс?! Дарыс мæ! Мæ туджджын дæ! Туг мæ дарыс! Мæ хъæбулты мын ды бахордтай! Ме знаг дæ, мæ туджджын! К а л м. Æз ницы зонын. Æз нæ уыдтæн. Дæ ахстон кæм ис, уый дæр нæ зонын. 203
Ц æ р г æ с. Зоныс! Федтой дæ! Загътой мын æй. Ныр дæ сæрæй бафидцзынæ дæ фыдракæндтæ, цъаммар, æнаккаг! К а л м. Ныууадз мæ. Мæ холыйæ дын ратдзынæн. Ахæм холы нæма уыд ныры онг. Бауадз мæ. Ц æ р г æ с. Нæ-æ! Мæн дæ цард хъæуы, дæхæдæг! (Калмыл йæхи ныццавта. Калм феуæгьд кодта Борæханы æмæ лидзынмæ хъавы, фæлæ та йæ цæргæс ацахста. Борæхан æр- дæгмардæй ахауд, хуыссы). 1 К а л м. Айс æй! Айс æй! Иууылдæр дын æй дæттын. Дæ хъуыры аирвæзæд. Нал мæ хъæуы... Ц æ р г æ с. Нæ, нæ! Ды мæ хъæуыс. Ды дæ мæ хъæбул- ты марæг! Сæ рæзгæ цард сын аскъуыдтай æмæ ныр аирвæзын- мæ хъавыс? Æз дæ мæ туг хъуамæ райсон, кæннод мын мæ цард ад нал кæны. К а л м. Æнæ фыдбылызæй мæауадз. Хуыздæр дынуыдзæн. Ц æ р г æ с. Нæ, æз дæ æвиппайды нæ марын. Ды хъу- амæ хъизæмары мардæй амæлай. Мæ хъæбултæм цы цæстытæй ныккастæ, уыдон уал дын акъахон. (Калм йæхи атыдта, лидзынмæ хъавы. Цæргæс æй ацахста æмæ йын йæ цæстытæ скъахта). К а л м. Æллæх, мæ цæстытæ! Ц æ р г æ с. Уый дын ницыма у, дæ хъизæмæрттæ ра- зæй сты нырма. (Йæ цыргъ дзæмбытæй йæ фелвæста æмæ йæ ахаста. Борæхан хуысгæйæ баззад. Йæ бон нал фезмæлын у, нал дзурын). Б о р æ х а н. Хо-ран... Хо-ран... Мæ хъæр мæхимæ куы- нæ хъуысы... Кæм дæ, Хоран? Кæм дæ, Асæхмæт?.. Куы дын мар- дтæн æвæгæсæгæй. (Слæууыныл архайы, фæлæ йæ бон нæу. Хуыссы. Дардæй хъæргæнгæ æрбацыд Хоран). X о р а н. Ссардтон! Базыдтон, Борæхан, кæуылты цæуын хъæуы, уый. Бйрæхан, хуысгæ куы кæныс. Цы кодтай? Бынтон куы ныффæлурс дæ. Исты дæ риссы? Цы кодтай? Дæ хуызæй дæ ми- дæг куы ницыуал ис. Б о р æ х а н. Хоран... (Скуыдта). X о р а н. Цы фыдбылыз дыл æрцыд? Зæгъ мын æй. Б о р æ х а н. Залиаг калм мæ хордта... X о р а н. Уый та куыд? Кæцæй фæци ам? Æтт, фæлтау мæ уæраг куы асастаид æмæ дæ иунæгæй куынæ ныууагътаин. 204
Б 6 р æ х ан. Тобæ, тобæ. Уæд дыууæйæ дæр ам баззай- дзыстæм. X о р а н. Æмæ ныр цы фæци калм, æз ын йæ цъаммар сæр ныцъцъæл кæнон. Б о р æ х а н. Тæссаг дзы нал у. Куы мыл стыхст, куы мæ ’рбалвæста, уæд ма бæргæ хъæр кодтон, фæлæ ницы. А-ныр мæ уд схауа, афтæ æвиппайды нæ цуры февзæрд стыр цæргæс. Кал- мыл йæхи ныццавта, йæ цæстытæ йын акъахта æмæ йæ ахаста. X о р а н. 0, Стыр Хуыцау, табу дæхицæн. Йæ хорзæхæй дын фæхай кодта æмæ дæм ирвæзынгæнæг цæргæс æрæрвыста. Б о р æ х а н. Цæргæс уыцы калмы рагæй агуырдта, зылди йæ фæдыл. X о р а н. Цымæ цæмæн? Б о р æ х а н. Йæ лæппынты йын бахордта. X о р а н. Уæдæ йыл дæ фæрцы фæхæст. Ныр дзы йæ туг райсын базондзæн. Б о р æ х а н (стыныл архайы). Хоран, уæдæ кæд ба- зыдтай,'кæдæм цæуын хъæуы, уый, уæд мауал бадæм, цом... X о р а н. Цытæ дзурыс?! Хуысс уал æнцад. Дæхимæ уал æрцу, стæй та уæд нæ фæндаджы кой дæр кæндзыстæм. Дæ фæрстæ дын кæд нæ асаста, мыййаг? Б о р æ х а н. Нæ зонын. Рисгæ тынг кæнынц, фæлæ, цыма, саст не сты, афтæ мæм кæсы. X о р а н. Уыцы цæргæсæн Хуыцау бирæ цæрæнбон рад- тæд, æндæр уыцы калмæй фервæзæн нæ вæййы: ныцъцъæл дæ кодтаид бынтон. ^ о р æ х а н. Мæхицæн фервæзын æнхъæл нал уыдтæн, мæ цæстытæ атартæ сты æмæ ницыуал бамбæрстон. Стæй цæр- гæсæй куы фæтарст, уæд мæ тынг нал æлвæста æмæ гыццыл су- лæфыдтæн... Мæрдтæй дын раздæхтæн фæстæмæ, Хоран... Аку- вын дæ бахъæудзæн Хуыцауæн. X о р а н. Табу йæхицæн, куывдæй хуыздæр цы ис. Иу гыццыл ма дон аназ æмæ дын фенцондæр уа. (Дæтты йын дон. Борæхан анызта). Б о р æ х а н. Бузныг, Хоран, мæ фыды хай, æцæг мын фенцондæр. Дæ хорздзинæдтæ дын æз донæй дæр никуы бафид- дзынæн. Æнцондæрæй сулæфыдтæн. Мæ бон та бауыдзæн цæ- 205
уын. Улæфынтæн нын нæй рæстæг. (Уæззаугай сыстад. Фæцу- дыдта, фæлæ нæ ахауд). X о р а н. Æгæр тагъд кæныс, мæ хур, Борæхан. Абад уал, аулæф, стæй та цæудзыстæм. Б о р æ х а н. Бадгæ нал — цæугæ, цæугæ æмæ цæугæ. Цалынмæ Асæхмæты не ссарæм, уæдмæ цæудзыстæм. X о р а н. Ссардзыстæм æй, ссардзыстæм. Уый тыххæй дызæрдыг ма кæн. Б о р æ х а н. Кæм дæ, мæ бæллиц, мæ бон куы нал у тар хъæды цæуын. X о р а н. Борæхан, мæ хур. Ныууадзæм æй, цæмæн дæ хъæуы ахæм удмарæн фыдæбон? Дæ хъизæмармæ кæсын нал фæ- разын, дæ тæригъæдæй зæрдæ хæлы, æрдз дæр ма нынкъард ис. Б о р æ х а н. Нæ, нæ, Хоран, цалынмæ мæ бон уа змæ- лын, уæдмæ цæудзынæн размæ. Мæлæт дæр мæ нæ аздахдзæн фæстæмæ. X о р а н. 0, Дунескæнæг, фæтæригьæд кæн ацы сонт зæрдæйæн. Борæхан, мæ хур, тар хъæды æхсæв тæссаг у. Æз зæронд дæн, мæхиуыл нæу мæ мæт: дæуæн тæрсын, нырма ни- цы федтай цардæй. Б о р æ х а н. Кæд не ссардзынæн мæ зæрдæдарæн Асæхмæты, уæд мæлæтмæ ныртæккæ дæр цæттæ дæн. X о р а н. Ацал-ауал азы фæцардтæн æмæ никуыма фед- тон, никуы фехъуыстон, афтæ ’фхæр дæхи, дæ цард мæлæтмæ ’рхæсс! Æмæ цæй тыххæй? Цавæрдæр цъиуы тыххæй. Ныскъуыд- тæ дæ дарæс, дæхимæ ма ’ркæс. Б о р æ х а н. Цæуæм та дарддæр. Мæ мæт ма кæн... X о р а н. Æхсæвыгон æз дæр нæ уынын, кæдæм цæу- æм, кæцырдæм, уый бæрæг дзы нæй. Фæстæмæ здæхын дæр фæзын ис. Б о р æ х а н. Фæстæмæ нæ, цæуын хъæуы, цæуын... X о р а н. Уæдæ байхъус мæ фæндонмæ. Тар æхсæвы ни- цы ссардзыстæм, уый бæлвырд у. Саразæм мусонг. Ды дæхи æруадз, аулæф, афынæй кæн. Райсом раджы ногæй райдайдзы- стæм агурын. Б о р æ х а н. Цы гæнæн ис, дæ фæндыл мын æнæ сра- зы цы хос ис... Æнæ дæу æз кæдæм фæцæуон. 206
X о р а н. Æрбамбырд кæнæм къалиуæй, кæрдæгæй, ш- хæй, цы нæ бахъæудзæн, уый æмæ нæ мусонг саразæм. (Æм- бырд кæнынц къалиутæ, аразынц мусонг. Фæци сын арæзт). Хорз у ныр. Лыстæнгонд дзы æркæн æмæ йæм бахиз, дæхи æруадз. Б о р æ х а н. Ды та? X о р а н. Æз ам, мæхицæн арт скæндзынæн æмæ дæ хъахъхъæндзынæн. Артæй тæрсгæйæ нæм кæд ницы сырд æрба- уæндид. Цу, цу, ма мæт кæн мæныл. Б о р æ х а н. Цæй хорз. Хæрз æхсæв рау. Уæндгæ дæр мусонгмæ нæ кæнын, фæлæ мæ къæхтæ нал кæсынц мæ коммæ. X о р а н. Ма тæрс, мæ хур, ам уыдзынæн æз, хæрз фын- тæ фен. (Борæ бахызт мусонгмæ. Хоран арт скодта æмæ йæ фарсмæ бады. Хæстæгæй уыг ныууасыд. Борæ фæтарст, рагæпп кодта). Б о р æ х а н. Цы уыди уый? Мæ уд сцæй хауд тæссæй. X о р а н. Цæмæй тæрсыс? Уый уыгтæ уасынц, махæн сæ цы тас у? Хъуыды дæр сæ ма кæн. Афынæй у, кæннод дæм рай- сом цæуынмæ хъару нæ уыдзæн. Б о р æ х а н. Бæргæ, фæлæ мæ хуыссæг нæ ахсы. Мæ лыстæн дæр хъæбæр у... - X о р а н. Мæ пæлæз айс æмæ йæ бакæн дæ быны. Б о р æ х а н. Нæ хъæуы, суазал уыдзынæ, мыййаг, нæ хъæуы. X о р а н. Арты фарсмæ уазалгæнæн нæй. Айс æй æмæ ацу. Б о р æ бацыд мусонгмæ æд пæлæз, X о р а н та бады арты фарсмæ. Æрбайхъуыст та бирæгъты æмæ хъæдцаг куыйты ниуын. Ногæй та рагæпп кодта Б о р æ цъæхахстгæнгæ. Б р р æ х а н. Уæуу, уæуу! Æллæх, хæрынц нæ! (Йæхи Хораны хъæбысмæ баппæрста). X о р а н. Ма тæрс, ма тæрс. Уадз æмæ уасой, махмæ не ’рбауæнддзысты. Б о р æ х а н. Æрбацæуынц. Хæрдзысты нæ! Уæртæ сæ цæстытæ ’рттивынц. Хæрдзысты нæ, цы кæнæм?! X о р а н. Нæ, нæ, мæ хур, ма сæ тæрс. Уыдон артмæ æв- вахс цæуын нæ уæндынц. Мах та арт хуыссын нæ бауадздзыстæм. Бацу мусонгмæ. 207
Борæхан. Æздæ цурæй нал ацæудзынæн. Ам бад- дзынæн дæ фарсмæ. X о р а н. Хъримаг нæм куы уыдаид, бæргæ, уæд нæм хæстæг бæргæ не ’рбацыдаиккой. Ныртæккæ айсдзысты сæхи. Æз та дын таурæгьтæ кæндзынæн. Ныр тагьд æрбабон уыдзæн. Сæрдыгон æхсæв хæрз цыбыр вæййы. Æмæ уæд дæ тын дæ къух ссардзæн — кæй агурæм, уый бафтдзæни нæ къухы. Б о р æ х а н. Æцæг? Бæргæ, бæргæ, куы ’рбабон уаид тагъдцæр. X о р а н. Кæсыс, бирæгътæ — нæ уазджытæ сæхи фæй- нæрдæм айстой. Сæ балц нæ фæрæстмæ. Б о р æ х а н. Кæс-ма, бон ирд кæны. Цæуынафон нын у. X о р а н. Æххæст æрбарухс уа. Стæй уæд нæ артæн судзгæ уадзæн нæй. Ам хъæд куы ссудза... (Артахуыссын кодтой). Б о р æ х а н. Æрбабон ис, цæуын афон нын у. X о р а н. Борæхан, мæ хур, фæйнæ къæбæры уал ахæ- рæм. Дысон дæр æнæ ’хсæвæрæй арвыстам. Æххормаг лæгæн дард фæцæуæн нæй. Б о р æ х а н. Мæ бон нæ бауыдзæн. Мæ хъуыры дон дæр нæ ныххиздзæн, цалынмæ йæ не ссарæм, уæдмæ. X о р а н. Рæдийыс, мæ чызг, рæдийыс, фæлæ дын цы кæнон. Цæуæм та уæдæ. Хуыцау, фæндараст нæ фæкæн. (Цæ- уынц та, цæуынц. Æрбайхъуыст цъиуы зарын). Б о р æ х а н. Хоран, Хоран, мæ фыды хай, фæлæуу-ма. X о р а н. Цы кодтай, мæ чызг, Борæхан? Б о р æ х а н. Мæ хъустыл цъиуы зарын ауад. Байхъус- ма йæм, байхъус! X о р а н (йæ къух йæ хъусыл сæвæрдта æмæ лæмбынæг хъусы). Æцæг, æцæг, уый цъиуы зарын у... 0, о, уыцы цъиуы хъæ- лæс. Б о р æ х а н. Цом æм тагъддæр! Цалынмæ нæ атахт, уæдмæ йæ фенæм. (Згъоры размæ). X о р а н. Æгæр тагъд ма кæн, куы фæтæрса, уæд атæх- дзæн. Б о р æ х а н. Мæн куы фена, уæд нал атæхдзæн. Хæстæг ранæй æрбайхъуыст А с æ х м æ т-цъиуы зард-ныхас. 208
Асæхмæт-цъиу. Ехх, гъеныр æз ацы фæткъуы- тæй хæрын, фæлæ дзы æлдары чызг дæр куы ахæрид. Б о р æ х а н. Асæхмæт, Асæхмæт! Æз мæнæ дæн! Бо- рæхан дæн! Кæм дæ? Ардæм, ардæм, Асæхмæт! Асæхмæт-цъиу. 0, цины бон, о, хъæлдзæг бон! Мæ цæсты рухс! Æлдары чызг Борæхан! Б о р æ х а н. Мæхи Асæх! Мæ удлæууæн! 0, ме ’рттив- гæ стъалы! Кæдæм мын ратахтæ? Цæмæн мæ ныууагътай иунæ- гæй? Асæхмæт-цъиу. Дæхи аххос уыдис, мæ амонд. Нæ хъуыд мæ байраджы царм судзын. Уым æмбæхстæй цардтæн æмæ-иу дæумæ кастæн. Æнæ царм та мын уым баззайæн нал уыд. Б о р æ х а н. Æмæ мæ ферох кодтай, нæ? Асæхмæт-цъиу. Хæрын дын ард: æрвылбон дæр дæуыл уыди мæ сагьæс. Б о р æ х а н. Ме сæфт куы ’рхæццæ, мæлæт мæ йæхи- мæ куы иста, мæ бон æппын куы ницыуал уыд, уæд тынг фæтар- стæн, куы нал дæ фенон, уымæй. Уæддæр ма мæ фæстаг ныхас дæумæ уыди, дæ ном дзургæйæ фæцæйцыдтæн мæрдтæм. Асæхмæт-цъиу. Цæй сæфты, цæй мæлæты кой у. Цытæ мын дзурыс уый? X о р а н. 0, уый æцæг уыд афтæ: фæцæй нын мард Борæ- хан. Дæу агургæйæ бафæллад, æз раздæр ацыдтæн бæрæггæнæг. Мæ фæстæ йæ стыр залиаг калм æрцахста æмæ йæ мардта. Асæхмæт-цъиу. Кæм мæрдты уыдтæн уæд? Цæуыннæ фæдæн æз дæ фарсмæ? Куыд ма фервæзтæ? Куыд ба- ци ралидзын дæ бон? X о р а н. Хуыцауæн табу. Куыддæр Борæханыл калм стыхст æмæ йæ ’рбалвæста, афтæ Хуыцауы фæндæй, иу дынджыр цæргæс æртахт, калмыл йæхи ныццавта æмæ йæ ахаста. Б о р æ х а н. Уыцы тугдзых марг хæссæг калм уый раз- мæ бахордта цæргæсы лæппынты æмæ йæ цæргæс агуырдта ма- рьунмæ. Цæргæс ын фыццаг йæ цæстытæ акъахта, стæй йæм цыргь дзæмбытæй фæлæбурдта æмæ йæ аскъæфта марынмæ. X о р а н. Чи цы фæагуры, уый ссары: исчи дæр ма ног- гуырдты мары, хæры?! 14 Царды кос 209
Асæхмæт-цъиу. 0, Дунескæнæг! Хуыцау мын бахъахъхъæдта дæу, мæ зæрдæйы зæрдæ. Нæ мын аскъуыдта мæ цард. Мæнæй амондджындæр зæххыл ссарæн нал ис. Кувдзы- стæм кæддæриддæр Хуыцауæн æмæ нæ ирвæзынгæнæг цæргæ- сæн. Борæхан. Æзта мæхи хордтон, зæгъын, мæ ферох кодтай. Фæлæ дæ уæдцæр агуырдтон, агуырдтон, агуырдтон! Тар- стæн куынæуал дæ фенон, уымæй. Асæхмæт-цъиу. Куыд базыдтай æз ам дæн, уый? Б о р æ х а н. Мæнæ хæларзæрдæ, мæ фыды хай Хора- ны фæрцы. Уый у мæ фæндагамонæг стъалы. Кувдзынæн Хуыца- умæ, цæмæй Хоранæн радта бирæ азты æнæниз æмæ хорз цард. Асæхмæт-цъиу. Бузныг, стыр бузныг, нæ фы- ды хай Хоран. Мæ дунейы рухс, мæ цардамонды дæ фæрцы фед- тон. Дæ лæггæдтæ, дæ фыдæбæттæ дын цæмæй бафидцзыстæм, нæ зонын. X о р а н. Уæ салам бирæ. Ницы хъæуы мæн. Æз бузныг дæн сымахæй: уый бæрц фæцардтæн æмæ дыууæ уды ахæм тых- джын, æгæрон уарзтæй уарзгæ никуыма федтон. Уæ иу иннæйы тыххæй йæ цард раттынмæ у цæттæ æнæ къуылымпыйæ. Æмби- сондæн баззайдзæн уæ фидар уарзты кой. Кæрæдзи амондæн цæрут æнусты. Б о р æ х а н. Бузныг, бузныг, нæхи Хоран. Дæ арфæтæ æрцæуæнт. Зæгъ-ма, Асæхмæт, дæхæдæг мæм цæуыннæ ’ртах- тæ раздæр? Асæхмæт-цъиу. Мæхæдæг фыруарзтæй кæй тайын, мæхи кæй хæрын, уый æгъгъæд у. Дæуæн та тæригъæд кодтон. Архайдтон, цæмæй мæ ферох кæнай, ууыл. Б о р æ х а н. Куыд æрцыд ахæм удмарæн хъуыды дæ сæрмæ. Асæхмæт-цъиу. Зыдтон æй æз, нæ дыууæйæн нæ цард баиу кæнæн нæй. Æз сæфт æмæ сæфт. Дæу та ма æна- монд цы кæнон. Ссар дæхицæн къай... Кæй ма дæ федтон, уымæй бузныг. Б о р æ х а н. Фынтæ уынын, æви цытæ дзурыс? Нæ дæ ’мбарын. Кæрæдзи ссардтам. Фæстæмæ фест лæппу æмæ цом немæ, цæрдзыстæм иумæ. 210
Асæхмæт-цъиу. Нæй мын цæуæн уемæ. Нæй мын лæппу фестæн. Б о р æ х а н. Цæуыннæ уæд? Куы ничи нæ хъыгдары. Асæхмæт-цъиу. Мæ хицау у Фæсхохы æлдар (Долæт). Фервæзæн дзы нæй. Мæ уд йæ къухы ис. Æдзухдæр вæййы йемæ, йæ дзыппы йæ дары сыгьзæрин къоппы. Б о р æ х а н. Цæмæн дыл хæцы афтæ фидар? Цы ’ххуыс ын дæ? Асæхмæт-цъиу. Ис æм бирæ фосы дзугтæ, хъахъхъæнгæ та йын сæ æз кæнын. Исты тас сын куы вæййы, уæд та Долæтмæ æртæхын. Б о р æ х а н. Ныууадз сæ æмæ цом! Асæхмæт-цъиу. Цы пайда ис мæ цыдæй? Мæ уд йæ къухты ис, лæппу фестæн мын нæй. Мæхи барæй куы ацæ- уон, уæд мæ йæ хъæрццыгьатæн амарын кæндзæн. X о р а н. Мадзал кæмæн нæй, ахæм уавæртæ нæ вæййы. Ахъуыды кæнæм. Æвæццæгæн, дæуæн дæр, Асæхмæт, ис фервæ- зынгæнæн. Асæхмæт-цъиу. Ис бæргæ, фæлæ ахæм тых кæм’разындзæн? Б о р æ х а н. Цахæмфæнды тых хъæуæд, уæддæр æй мах ссардзыстæм. Мах чи ахицæн кæна, ахæм цæлхдуртæ, фи- дæрттæ нæй зæххыл. X о р а н. Зæгь-ма йæ, зæгъ, Асæхмæт, цавæр тых хъæуы. Асæхмæт-цъиу. Долæт йæ бинонтæй фылдæр уарзы йæ фосы. Уыдонæн истæмæй куы фæтæрса, уæд, чи зоны, ныхасгæнæн уаид йемæ. X о р а н. Мæнмæ гæсгæ, мæ хур Борæхан, ис ахъуыды- гæнæн. Б о р æ х а н. Хорз уæдæ, Асæхмæт. Цу уал де ’лдармæ. Æнхъæлмæ-иу нæм кæс. Кæд Хуыцауы бафæндид æмæ та мах ногæй фембæликкам. X о р а н. Мæнмæ дæр афтæ кæсы. Сымахæн фæхицæн- гæнæн нæй. Уый стыр тæригъæд уаид. Асæхмæт-цъиу. Бæргæ, бæргæ. Æнхъæлмæ уæм кæсдзынæн. Цæуын афон мын у. Фæндараст ут сымах дæр. (Атахт. Йæ фæстæ Борæхан ауад. Хъæр кæны). 211
Б о р æ х а н. Асæхмæт, фæндараст у! Æнхъæлмæ-иу нæм кæс! Рæхджы та дæм зындзыстæм. Æмбæрзæн. ДЫККАГ АКТ ФÆНДЗÆМ НЫВ АВАНСЦЕНÆ Æрбацæуынц Б о р æ х а н æмæ X о р а н. Б о р æ х а н. Хоран, мæ фыды хай, ныфсытæ æвæрдтон Асæхмæтæн, кæй та фембæлдзыстæм, уымæй, фæлæ Долæты фосæн цы ’рхъуыды кæнон, уый нæ зонын. X о р а н. Зын фарста у... Бирæгъты амæддаг сæ фæкæ- никкаам. Асæхмæты æххуысæй, фæлæ йын йæхи куы бафхæрой. Б о р æ х а н. Абырджыты къорд баххуырсин... Æмæ та уæддæр аххосджын Асæхмæт уыдзæн. Амардзысты йæ. Нæй, нæ бæззы ацы фæнд дæр. Уæдæ цы чындæуа? X о р а н. Куы сыстид уадтымыгъ æмæ йын йæ фосы куы ныццæгъдид, бæргæ. Б о р æ х а н. Уæд ма йæ мах æххуыс кæм хъæуы? Баз- зайдзæн Асæхмæт ахстæй. Æндæр цыдæр, æндæр цыдæр æрхъ- уыды хъæуы мах. X о р а н. Æрхъуыды кæндзыстæм, Борæхан, мæ хур. Æр- мæст æгæр тынг ма тыхс: тыхст адæймагмæ хорз хъуыдытæ тынг зынæй æрцæуы. Æрбацыд Къулбадæг ус. Къулбадæг ус. Уæ фæндаг раст, уæ ныхæсты та фарн. 0, уый мæ зонгæ чызг Борæхан куы дæ. Зæгъ-ма, дæ хъуыддæгтæй цы бадæ. Ничи дын радзырдта диссаджы хабар? Б о р æ х а н. Дæ хорз уынаффæйæ бузныг. Æцæгдæр мын мæнæ Хоран радзырдта цъиуы тыххæй: федта йæ хъæды æн- къард зарджытæ кæнгæ. 212
Къулбадæг ус. Æмæ йæм нæ фæцыдыстут, нæ- йæ ссардтат, нæ йæ федтат? X о р а н. Аргæ йæ бæргæ скодтам, фæлæ йæ уд йæхи бар нæу. Фæсхохы æлдар Долæтмæ ис йæ уд, уый та йæ йæхи- цæй æппындæр цух нæ уадзы. Б о р æ х а н. Долæт дзы хъахъхъæнæг фыййау сарæзта йæхицæн, йæ фосæн. Нæй дзы фервæзæн, — ног бæллæхы хай та фестæм. Къулбадæг ус. Фервæзæн кæмæй нæй, ахæм бæллæх нæй. Исты хос ын ма уа, уый дæр мæ нæ уырны. Ноджы ма цæуыл дзырдта, цы уын загьта Асæхмæт? Б о р æ х а н. Йæ бинонтæй, дам, Долæт фылдæр уарзы йæ фосы. X о р а н. Зын, тæссаг уавæры куы бахауиккой йæ фосы дзугтæ, махмæ та куы уаид хос, цæмæй фервæзой, уый, уæд æй æлдарæн баивиккам Асæхмæт-цъиуыл. Б о р æ х а н. Мах хъуыды кæнæм дыууæйæ, фæлæ ни- цыма æрхъуыды кодтам. Къулбадæг ус. Иттæг хорз! Цы ма йыл хъуыды кæнут? Асæхмæт уын йæхæдæг куы загьта, цы кæнын хъæуы, уый. Долæты ныхмæ ис хæрз хуымæтæг мадзал. Б о р æ х а н (цингæнгæ). Æцæг? Зæгъ-ма нын æй, дæ хорзæхæй, цавæр мадзал у? К’ъулбадæг ус. Æппæты бæрзонддæр агьуысты сæрмæ схиз æмæ скув Хуыцаумæ, балæгьстæ кæн, цæмæй иу абонæй иннæ абонмæ залты мит фæуара. X о р а н. Ацафон мит уаргæ кæд федтай, хорз ус? Къулбадæг ус. Хуыцауы бон бирæ у, хорз лæг. Æнæкæрон уарзтæй чи уарзы, уый куывд æм фехъусдзæн æнæ- мæнг. Хуыцау дæр зоны аргь кæнын æцæг уарзтæн. Б о р æ х а н. Æмæ йæм мæ куывд куынæ фехъуыса, уæд та ма цы кæндзынæн. Къулбадæг ус. Уæд та дæ схизын бахъæудзæн авд хохæй сæ бæрзондцæры сæрмæ æмæ уырдыгæй скувдзынæ Хуыцаумæ. Æрмæст æгæр тæссаг у уыцы фæндаг. Мыййаг дзы фæстæмæ куы нал раздæхай... 213
Б о р æ х а н. Гæнæн куы нал уа, уæд мæ ницы бауром- дзæн, мæ фæстаг фæндаг куы уа, уæддæр. Æмæ Хуыцауы фæн- дæй мит куы ныууара, уæд дарддæр та цы кæнын хъæуы? Къулбадæг ус. Мит йæ уарынæй куы не ’нцайа, уæд фосæн хизæн нал ис. Тæссаг уавæры бахаудзысты. Долæт сæ фервæзыныл архайдзæн, агурдзæн исты мадзæлттæ, æмæ уæд уæ хъару æмæ уæхæдæг — сарæхсут. X о р а н. Дæ хъуыддаг раст. Уый хорз фæнд у. Фæлæ уал миты размæ мах æрцæттæ кæнæм бирæ хос. Иунæг мæкъуыл дæр кæмæ ис, уыдон дæр балхæнæм, иу ранмæ сæ æрласæм. Къулбадæг ус. Тынг раст. Уæд уæ йæхæдæг агурдзæн Долæт. Æргом-иу ын уæ домæнтæ зæгьут. Б о р æ х а н. Кæд мын Хуыцау фæтæригъæд кæна, кæд æм мæ сонт зæрдæйы уарзт, мæ хъизæмæрттæ, мæ судзгæ ка- тай фехъуысой, уæд Долæтæн æз сæрыстырæй зæгъдзынæн: дæ бирæ фосы дзугтæ иууылдæр бындзагьд кæй фæуыдзысты, уый зонæм, сæ фервæзын дæуæй аразгæ у — кæд мын дæ фыййау- цъиуы радтай, уæд алас цас дæ хъæуы, уыйбæрц хос. X о р а н. Хорз хъуыды у, мæ хур Борæхан, фæлæ уыцы ныхæстæн нырма раджы у. Райдайæм, райдайæм цæттæ кæнын нæхи. Къулбадæг ус. Æнæмæнг афтæ. Рæстæгæй пайда кæнын куы зонат, уæд нæ фæнд уæ къухы бафтдзæн. Б о р æ х а н. Мæ мады хай, дæ хорз амындæй бузныг. Кæд та нын ацы хатт дæр фæрæстмæ уаид. Нал сафæм нæ рæс- тæг. Цом, Хоран, мæ фыды хай, мæ ирвæзынгæнæг. X о р а н. Гъе, Уастырджи, фæндараст нæ фæкæн. Нæ фæндтæ нын нæ къухы бафтау. Къулбадæг ус. Фæндараст ут. Æмбæрзæн байгом. Адæм хосы .мæкъуылтæ ласынц, разамынд сын дæттынц X о р а н^ æмæ Б о р æ х а н. X о р а н. Рæвдздæр, рæвдздæр, уæ рын бахæрон, тагъд кæнын хъæуы. Хосы мæкъуылтæ иууылдæр æфтауцы бафснайæм бæстон, дон сæ куыннæ ахъара, афтæ. К у с æ г. Нæ бар сæ уадз, Хоран, сымах куыд загьтат, афтæ æфснайд уыдзысты. Мæкъуылтæн сæ цъуппытæ æрлæгьз 214
кæндзыстæм æмæ сыл уæд цасфæнды дæр уарæд. Ахæцут, ахаё- цут, къобортæ! X о р а н. Хорз, хорз, мæ хæлар, иннæтæм дæр-иу дæ хъус фæдар. Фароны мæкъуылтæ дæр иууыл æрласут. К у с æ г. Уæ зæрдæ сæм ма ’хсайæд. (Ацыд). Б о р æ х а н. Цас æрбаластой? Кæд фæуыдзысты? X о р а н. Ласгæ бæргæ бирæ æрбакодтой, фæлæ нырма нæ фесты. Кусгæ хорз кæнынц, æмæ сын ласинаг бирæ нал баз- зад. Б о р æ х а н. Кæм ма ис хос ссарæн? X о р а н. Кæмæдæрты ма зонын, кæд сæ æгæр зынаргь нæ кæной, уæд. Б о р æ х а н. Æрласын сæ кæн иууылдæр, аргъыл ма дзур, цасфæнды сæ куы кæной, уæддæр сæ райс, бафиддзыстæм сын. X о р а н. Æз канд нæ хъæуы хостæ нæ, фæлæ ма иннæ хъæуты дæр иу сагойгом, иу хосы цъупп дæр нал ныууадздзынæн. Дæ æфтауцы сæ ’рцамайдзыстæм иууыл. Б о р æ х а н. Стыр бузныг, мæ фыды хай Хоран. Æнæ дæу æз цы кодтаин, нæ зонын. Мæ уд схауид афонмæ фыр тых- стæй, фыр мæтæй, фыр мæстæй. Мæрдтæй дæ фæрцы ’рбаз- дæхтæн цæрынмæ. X о р а н. Борæхан, мæ хур, ма тыхс. Мæ бон цы уа, уымæй дын æххуыс кæндзынæн. Æгайтма дын ме ’нæбары фез- мæлд истæмæн бæззы. Б о р æ х а н. Æфсæрмы дæ фæкæнын, буц хистæр нын дæ, фæлæ дыл афтæ сахуыр дæн æмæ-иу мын ныббар мæ сонт рæдыд, мæ сонт митæ. X о р а н. Цытæ дзурыс, мæ чызг Борæхан? Æз зивæг цы у, уый абон дæр нæ зонын. Рæдигæ та чи нæ кæны? Б о р æ х а н. Мæ амондæн нæ Хуыцау фембæлын код- та. X о р а н. Табу йæхицæн, цы цæуы, уый хуыздæрмæ. Фæ- лæ ныхæстыл фестæм. Акæсæм та, кæннод нæ сæйрагдæр ны- санмæ кæд бахæццæ уыдзыстæм. Б о р æ х а н. Хатыр мын уæд: ныхæстыл ирхæфсын мæ- хи, æндæр мæ зæрдæ риссы, тоны. Тæрсын, Хуыцау куынæ рай- 215
са мæ куывдтæ, мæ сагъæс. Нæ куыстытæ хæрз дзæгъæлы куы фæуой. X о р а н. Мæнмæ гæсгæ хæрз дзæгъæлы сты дæ мæт æмæ дæ сагъæс. Дæ куывд Хуыцаумæ фехъуысдзæн, æнæмæнг! Дæ куывд дын хорзæй айсдзæни йæхимæ æмæ-иу уæд дæ курди- ат æххæстгондыл нымай. Б о р æ х а н. 0, бæргæ, дæ фарны дзыхæй йæ куы зæгъис... X о р а н. Уыдзæн, æцæг уыдзæни афтæ, уырны мæ. Хъæддых фæлæуу, дæ ныфс асæттын ма бауадз, Борæхан. Æнæ ныфс лæг хъуыддаг аразæг нæу. Æз дæр ма-иу дæ ныфсæй куы уыдтæн ныфсджын. Б о р æ х а н. Хуыцау куы сразы уа, куы ныууара дзæв- гар мит, фæлæ уæдцæр Долæт куы ныццæхгæр уа, Асæхмæты куынæ баива хосыл. Цы ма кæндзынæн уæд? X о р а н. Уæддæр та истытæ кæндзыстæм, ма тыхс. Æр- мæст адзалæн нæй мадзал, мæлæты раз цы лæууы? Мах та, Хуы- цауæн табу, удыгас куы стæм. Удыгас лæг ссардзæни амал цы- фæнды уавæрты дæр. Б о р æ х а н. Ныббар мын мæ лæмæгьдзинад... Ныфсы- тæ та мын авæрдтай уæддæр... Цыдæр æнкъард хъуыдытæ мыл сæ уæз æруагътой... Дæ фæрцы та мæхимæ ’рцыдтæн. Æрхæн- дæг — иуварс! Нæ мæ ’вдæлы кæуынмæ. Цæуæм, цæуæм, нæ на- мысы фæндагыл. X о р а н. 0, афтæ гъе! Гъе уый та дын мæ зæрдæмæ цæуы. Борæхан та йæхи хуызæн сси, ныфсджын, зындзинæдтæн фæразон. (Ацыдысты. Адæм ласынц хосы мæкъуылтæ. Хъæр, змæлд. Æрбаздæхтысты Борæхан æмæ Хоран). Б о р æ х а н. Мæ зæрдæ барухс ис сæ куыстæй: бæс- тæ хосæй байдзаг. Кæд ма искуы хъæуты баззад, уæд сæм æнæ- мæнг арвитут. X о р а н. Арвыстон сæм. Абон сæ æрласдзысты иууыл- дæр. Б о р æ х а н. Уæдæ Долæт хос никуыуал ссардзæн æл- хæнынмæ? X о р а н. Фидарæй йæ зонын — никуы. Мæнмæ гæсгæ дын афон у дæхи кувынмæ цæттæ кæнынмæ. Бæрзонддæр агъ- 216
уыст ацы зылды ис æрмæстдæр иу — авдуæладзыгон хæдзар-. Хъæудзæн дæ уый сæрмæ схизын. Б о р æ х а н. Фыццаг уал мын, Хоран, мæ фыды хай, дæхæдæг куы акувис, уый мæ тынг фæнды. X о р а н. Скувдзынæн Хуыцаумæ, дæ фæндаг та дын Уас- тырджийæн бафæдзæхсдзынæн. Цæмæй дæ фæндаг уа сыгъдæг, æнæхин, цæмæй дыл æвзæр æмбæлæг ма фембæла, æвзæр цæ- стæй дын хай куыд нæ уа, цæмæй дæ уарзæг уды куывд Хуыцау- мæ фехъуыса. Б о р æ х а н. Цом уæдæ. Нæ кувинæгтæ дæр цæттæ сты. Тæрсын, мыййаг, куыд æмбæлы, афтæ куынæ сарæхсон ку- вынмæ мæхæдæг. X о р а н. Дæ зæрдæ дын цы дзура, уыдон дзур æргомæй æмæ уæд дæ куывд цæттæ у. Ма тыхс, алцыдæр уыдзæни хорз. Б о р æ х а н. Цом, цом, мæ фыды хай, Хоран. Авдуæладзыгон хæдзары сæрмæ схызт Б о р æ х а н æмæ кувы. Б о р æ х а н. 0, Хуыцæутты Хуыцау! 0, ме сфæлдисæг иунæг кадджын Хуыцау! Курын дæ, лæгьстæ дын кæнын — фехъ- уысæд дæм мæ куывд, мæ сагъæс. Мæ иунæг уарзон Асæхмæт бахауди зындоны. Æрмæстдæр дæ бон у йæ фервæзын кæнын. Иу абонæй иннæ абонмæ залты мит фæуар, Фæсхохы æлдарæн йæ фос æнæ хосæй цагъды куыд кæной. Мæ сонт зæрдæ йæхицæн нал ары бынат. Хуыссæг мæм æввахс нал цæуы. Æхсæв мæ урс базмæ мæ цæсты сыгтæ цыхцырæгау ныллæууынц. Оагъæс мын мæ риу нылвæста. Радт мын, Хуыцау, адджын цард Асæхмæт- имæ, кæннод та мæ цард дæр айс. Æнæ кæрæдзи махæн нæй цæрæн. Фехъуысæд дæм мæ куывд, мæ лæгъстæ: ныууар залты мит. Табу дын, Стыр Хуыцау, табу. Табу дæхицæн, нæ Ирвæзын- гæнæг. X о р а н. Цæй куыд? Дæ куывд рауад? Б о р æ х а н. Нæ зонын... Цытæ дзырдтон, куыд дзырд- тон, уымæн ницы зонын. Дæ зондмæ байхъуыстон — ме ’взаг цы карста мæ зæрдæйы сагьæстæй, уыдон дзырдтон. X о р а н. Тынг хорз, тынг хорз. Мит цæмæй ныууара, уыцы куывд дæ нæ ферох? Цы нæ вæййы. 217
Б о р æ х а н. Рох мæ бæргæ нæ фæци, фæлæ тæрсын, куынæ ныууара мит... Цыма цытæ хъуыди зæгъын, уыдонæй ницы загьтон, афтæ мæм кæсы. X о р а н. Хуыцау йæхæдæг зоны, сыгьдæгзæрдæйæ дзы чи цы фæкуры, уый. Дæ куывд дын айсдзæн, мауал мæт кæн, ны- ууадз дæ сагъæс. Б о р æ х а н. Дзæгьæлы мын ныфсытæ æвæрыс... Æвæццæгæн мæ авд хохы бæрзонддæрмæ бахъæудзæн цæуын... X о р а н. Цæмæн зæгьыс? Кæд кувгæйæ исты фæрæ- дыдтæ, уæдцæр дын æй ныххатыр кæндзæни Хуыцау. Сонт рæды- дæн чи нæ бары? Б о р æ х а н. Рæдигæ ницы фæкодтон, уый зонын, фæ- лæ мит куынæ уары... Цы пайда ис мæ куывдæй? X о р а н. Борæхан, мæ хур, афтæ æвиппайды нæ вæййы. Мит ацафон цæмæй ныууара, уый тыххæй хъæуы цыдæртæ. Ба- гæдзæ кæн иу цъус. Кæсыс, арв æрбахгæдта. Фæстæдæр хъуамæ урс гæлæбутæ фæзына. Б о р æ х а н. Æцæгдæр, цыма урс гæлæбутæ фæ- зынди. X о р а н. Фæзындзæн, фæзындзæн, Борæхан, мæ хур! Хæрзтæгæнæг Хуыцау дын айста дæ куывд! Арфæ дын кæнын. Б о р æ х а н (фырцинæй йæ къухтæ митмæ дары. Мит тынгæй-тынгдæр уарын райдыдта). Фехъуысти, фехъуысти мæ куывд Хуыцаумæ! Айста мын мæ куывд, фæтæригьæд мын кодта. 0, Стыр Хуыцау, дæ лæвар бирæ. Мах стæм дæ кувæг адæм, æну- сты дæр дæ бузныг уыдзыстæм æмæ дæм кувдзыстæм. X о р а н. Уæуу, мæнæ диссæгтæ, Царциаты диссæгтæ — мит тъыфылæй уары! Цæмæ бæллыдыстæм, уый нæ къухы баф- тыд. Б о р æ х а н (кувы митмæ). 0, залты мит, дæуæй та ку- рын, цæмæй дæхи Фæсхохмæ тынгдæр айсай æмæ уым лæгбæрц ныууарай. 0, залты мит, дæ хорзæхæй, Фæсхохы æлдарæн йæ фосæн хъæмпы хал дæр хæринаг куыд нал уа, быныскъуыдæй, бындзагъдæй сын фервæзæн куыд нал уа! Мæ тæригьæдæй уыцы дурзæрдæ æлдар сагьæссаг куыд фæуа. 0, залты мит, мæ ирвæ- зынгæнæг фæу, дæ фæрцы кæд Асæхмæты зындонæй фервæзын кæнин. 218
X о р а н. Ныр тагъд рæстæджы ардæм хъæуы Долæты. фæдисы тахтæй ам æрбалæудзæн æмæ йын уæд нæ зæгъинаг зæгъдзыстæм. Б о р æ х а н. Мæ фыды хай, Хоран! Мæ зæрдæ дыууæ дихы фæци. Мæхи мидæг æнахуыр хъуырдухæн кæнын; иуæй цин кæнын, иннæмæй та — æнкъард; иуæй Долæт тагьддæр куы ’рба- хæццæ уаид, уымæ бæллын, иннæмæй та мыл йе ’рбацыд цыдæр тæссаг æрхæндæг æфтауы. X о р а н. Хуыцау нын радта мит, табу йæхицæн. Нæ хъуыддæгтæ рæстмæ цæуынц. Хос нæм бирæ. Цы ма зæгъдзæн Долæт? Хуыздæр гæнæн ын нæй: сразы уыдзæн немæ. Б о р æ х а н. Ацы æлдæрттæ зын бамбарæн сты. Нæй сыл æууæнк. Куы ныффæрск уа йæхи ныхасыл, уæд æй ничи ба- сæтдзæн. Мæ фыд дæр ахæм у. X о р а н. Дæхи дзæгьæлы æфхæрыс. Бафæраз-ма иу цъус. Цъысымы куы бахауа Долæт, уæд ма йын цы гæнæн уыдзæн. Фæлтау уал цом æмæ бакæсæм нæ хостæм. Ахæм мит уаргæ зы- мæгон дæр нæма ’рцыд. Æрбацыд иу кусæг. К у с æ г. Хоран, æрластам, кæмдæриддæр хос уыди, уыдон иууылдæр. Æфтауцы сæ бафснайдтам. X о р а н. Хæстæг хъæутæй нæ хосдзаутæ нæма ’рбахæц- цæ сты? К у с æ г. Нæма. Рæхджы сæ хъæуы ардæм. Б о р æ х а н. Цомут, фенæм сын сæ куыст. Æмбæрзæн. ÆХСÆЗÆМ НЫВ АВАНСЦЕНÆ Мит тъыфылтæй уары. Хъуысынц адæмы хъæртæ: "Фос сæфдзысты", "Фосæн холлаг нал ис!" "Фос цагъды кæндзысты". Уасынц фос. Æрбацыд Д о л æ т мæстыйæ. Д о л æ т. Хъаймæт æрцыди! Хъаймæт æрцыди! Никуыма федтон ацафон мит уаргæ! Ай цавæр мит у? Ныр цалдæр боны г 219
тъыфылæй уары. Лæджы æмбæрц ныууарыд. Бæстысæфт æрцы- ди. Мæ фос! Мæ фос! Цы уыдзысты мæ фос?! (Хъæр кæны æд- дæмæ). Гъей! Æххуырстытæ! Фæдзурут ма мæ фыййæутгæй ис- кæмæ! 0, Хуыцау, цы дын кодтон, цæмæн мын ахæм æвирхъау тæрхон скодтай? (Æрбацыд фыййау). Ф ы й й а у. Агуырдтай мæ, дæ бæрзондцзинад? Д о л æ т. Куыд сты мæ дзугтæ? Цы кусут? Ф ы й й а у. Ныббар мын, кадджын æлдар, фæлæ дын дæ зæрдæ цæмæй барухс кæнон, ахæм хабарæй нæм ницы ис. Д о л æ т. Куыд сты мæ фос?! Холлаг ма уæм цас ис? Ф ы й й а у. Холлаг нæм æппындæр нал ис. Фос мæлынц. Сæ тæригъæдæй зæрдæ скъуыйы. Д о л æ т. Цы ма кæнон? Мæ хæдзар хæлдзæни бынтон- дæр. Сæррамæ мæ бирæ нал хъæуы. Цы ма акæнон фыр катайæ, фыр мæтæй нæ зонын. Бабын дæн, фесæфтæн. Чи мын баххуыс кæндзæн? Кæй бафæрсон, нæ зонын. Фыр тыхстæй мæ зонд фæ- цæудзæн. Ф ы й й а у. Нæ кадджын æлдар, æз фыййау дæн, æз цы зонын. Зонд амонынмæ дын нæ хъавын, фæлæ... Д о л æ т. Цы дардыл таурæгътæ кæныс — æргом ма зæгъ дæ хъуыды! Цыбырæй! Стæй бæлвырд. Ф ы й й а у. Мæнмæ гæсгæ куы бафæрсис дæ фыййау- цъиуы, уæд уый, чи зоны, исты амал фос фервæзынæн æрхъуыды кæна. Д о л æ т. Ома? Куыд? Цы хуызы? Ф ы й й а у. Дæ фыййау-цъиу тæхы бæрзæндты. Мыйй- аг, кæд искуы йæ цæст æрхæцыд бирæ хосыл, кæнæ æндæр хол- лæгтыл, уæд... Д о л æ т. Кæс-ма йæм, кæс. Фыййауы сæр бынтон æды- лы нæу. Æцæгдæр афæрсон мæ уарзон фыййау-цъиуы, уый фæр- цы куы сты мæ фос æнæ фыдбылыз абоны онг. Чи зоны, æцæг- дæр искуы исты федта. (Æрхоста йæ армы тъæпæнтæ. Асæхмæт- цъиу æрбатахт). Асæхмæт-цъиу. Нæ буц æлдар, цæмæндæр мæм дзырдтай, æз ам дæн. , Д о л æ т. 0, дзырдтон. Уыныс дæхæдæг, царæфтыд кæ- 220
нæм. Мæ фосы тæригъæдмæ кæсын нал фæразын. Исты мын бах- хуыс кæн. Асæхмæт-цъиу. Уынын сæ, дæ бæрзонддзи- над, фæлæ циу мæ бон, æз цъиу куы дæн. Д о л æ т. Цъиу кæй дæ, уый зонын. Фæрсгæ дæр дæ уый тыххæй кæнын. Ды бæрзæндты фæтæхыс — никуы ’рхæцыди дæ цæст хосы мæкъуылтыл? Кæнæ та хъæмп, кæнæ æндæр исты хол- лæгтыл фосæн? Асæхмæт-цъиу. Æрхæцыди æцæгдæр. Æрæджы æз уыдтæн Фæсхохы. Уым иу ран бирæ хостæ федтон. Нæ зонын, кæй сты, рауæй дзы кæндзысты æви нæ. Д о л æ т. 0, дæ цæрæнбон мын бирæ уа мæ хорз цъиу. Зынаргь дæ ды мæнæн. Цы уыдаин æнæ дæу? Асæхмæт-цъиу. Мæ бон дын исты ’ххуыс куы уаид. Д о л æ т. Кæй загътай, уый мын хорз æххуыс у. Æз цæ- уын Фæсхохмæ хос æлхæнынмæ. Фосмæ уæ хъус дарут: иунæг дæр дзы куы фæхъæуа, уæд мын сар уæ сæр кæндзæн. Асæхмæт-цъиу. Нæ буц æлдар! Дæ зæрдæ сæм ма ’хсайæд, сæфын дзы иу дæр нæ бауадздзыстæм. Æххор- магæй сæ чи мæла, уымæн та мах бон циу? Д о л æ т. Мæлыны кой мын ма кæн! Æз ацы бонты ’рлас- дзынæн Фæсхохæй бирæ хос мæ фосæн. Мæлын дзы ма бау- адзут, нæ уын æй ныббардзынæн уæд. Ф ы й й а у. Нæхи удтау сæм дардзыстæм нæ цæст. Д о л æ т. Уæ удтæй мын зынаргъдæр сты уыдон. Рæвда- ут сæ, хæрдсайæнтæ уал сын кæнут. Асæхмæт-цъиу. Дæ бардзырд мах æххæст кæндзыстæм, фæлæ рæстæг нал быхсы къуылымпы. Цæуын хъæуы ныртæккæ. Цас тагъддæр ацæуай, уый бæрц раздæр фез- дæхдзынæ, æмæ фервæздзысты дæ бирæ фосы дзугтæ. Д о л æ т. 0, раст дæ, раст, мæ зынаргъ.цъиу. Цæуын. Сымах дæр акæсут мæ фосмæ. (Ацæуынц) ÆХСÆЗÆМ НЫВ /Ембæрзæн байгом. Ног декораци. Ам дæр уары мит. Æрбацыд Д о л æ т. 221
Д о л æ т. Цавæр бæстæ у ай? Цæуын хъæууынгты æмæ дзы змæлæг нæй. Уæвгæ ацы миты барвæндонæй чи хъуамæ ра- цæуа уынгмæ... Хосы мæкъуыл дзы никуыцæй зыны. Уартæ ца- вæрдæр лæг æрбацæуы, афæрсон æй, кæд искæмæ хос уæййаг зоны. /Ербацыд X у с и. Дæ фæндаг раст æмæ дыл хорз рæстæг скæнæд, хорз лæг. X у с и. Дæ салам бирæ. Дæуыл дæр хуыздæр бон куы уаид, уæд ам миты бын нæ лæууис. Д о л æ т. Иу хъуыдцагæй дæ афæрсынмæ хъавын. X у с и. Хъусын дæм. Д о л æ т. Сымахмæ дæр рагæй уары мит? X у с и. Ныр цалдæр боны. Д о л æ.т. Ам къаддэер у, фæлæ махмæ Фæсхохы лæг- бæрц æруарыд. X у с и. Уæдæ уæ кæрдтæ цыргъæй дарут, уæ фос куыд цагъды кæной, афтæ ма сын сæ цæрмттæ уæддæр раппарут. Д о л æ т. Цытæ дзурыс?! Тæригъæд ма дзур! Мæ цыды сæр ардæм уый тыххæй куы у. Фæлтау ма мын зæгъ: ам хос уæййаг никæмæ зоныс? Бирæ мæ хъæуы. X у с и. Хорз лæджы каст куы кæныс, уæд дын уый цавæр æдылы фарст у? Ацафон хос уæййаг куыд агурыс? Исчи дыл фæ- худдзæн, исты хъуаг дæ фæхондзысты. Д о л æ т (фæмæсты). Уайгæ мæ цурæй, хæрæджы хъæвдын! Къæлæу! Раныхæстæ мын кодта лæджы хуызæн! Бакæ- сæд ма йæм исчи, пецмæрзæны хуызæн. Хаугæ ардыгæй, цалын- мæ дын дæ бæрзæй нæ ныххостон, уæдмæ! Уый дын хъуаг æмæ хæрæджы дымæг. X у с и. Агур уæдæ, агур миты сæр æрыскъæфтæ. (Ацыд. Æрбацыдысты Борæхан æмæ Хоран). Д о л æ т. Уæ фæндаг раст! X о р а н. Дæ хъуыддаг раст. Цæуылдæр тыхсыс, хорз лæг? Бафæрсын аипп ма уæд. Д о л æ т. Ницæуыл... Иу æнаккаг хæххон дзигло мæ смæсты кодта. Мæхиуыл дис кæнын — куыд ын ныббарстон йæ къæйныхдзинад. 222
X о р а н. Цæуыл уыд уагæр уæ ныхас, уæ быцæуы сæр? Д о л æ т. Уый цавæр æнæджелбетт адæм цæры уæ хъæуы?.. X о р а н. Æнæлаз адæм иу ран дæр нæ цæры, вæййы дзы æнæуæздан, æнæуаг чи у, ахæмтæ дæр. Фæлæ сыл æнæр- вæссон куы уай, уæд уымæй дæхицæн кад не скæндзынæ. Д о л æ т. Æнæууылд ныхас не ’мбæлы уæддæр. Лæг хъу- амæ æнæфындзыхуынкъ, æнæхсæст ма уа. X о р а н. Уый дæ бынтон куы смæсты кодта уыцы лæг. Æвæццæгæн дыл Хуси амбæлд, ахæм цæхгæр дзырд уый фæ- кæны. Д о л æ т. Нæ зонын, Хуси уыд, цы си уыд, фæлæ йæ фыр цъаммарæй чи ныххус, ахæм цыдæр уыд æцæгдæр. X о р а н. Æмæ дын уæддæр цытæ фæдзырдта уагæр? Д о л æ т. Ныхъуыдты йæ уадзæм, йæ койы аккаг дæр нæу, мæ маст æм тонгæ кæны. Фæлтау ма мын мæ фарстæн сы- мах уæддæр радтут рæстмæ дзуапп. X о р а н. Дæ хорзæхæй, фæрс, цы зонæм, уый дын нæ бахæлæг кæндзыстæм. Д о л æ т. Уæхæдæг æй уынут, фыдрæстæг ныл скодта, хъаймæт æрцыди махмæ. Мæнмæ та тынг бирæ ис фос, мæ удæй мын зынаргъдæр сты уыдон. Ныр æнæхоллагæй мæ цæстыты раз цагьды кæнынц, сæ тæригъæдæй мæ зæрдæ тоны. X о р а н. Уæууа, æцæг тæригъæдæй куы марынц. Æмæ сæ фервæзынæн æппын ницыуал хос ис? Д о л æ т. Дæ хъуыддаг раст, дзæбæх зæронд лæг, мæ тыхстыл мын чи тыхсы. Æз дæр уæ уымæй бафæрсинаг дæн: ам хос уæййаг никæмæ зонут, мыййаг? Цыфæнды аргъ дæр ратдзы- нæн æрмæст мын искуы бацамонут. X о р а н (Борæханимæ кæрæдзимæ бакастысты). Аца- фон хос зын ссарæн у. Фæлæ... Д о л æ т. Зæгъ, зæгъ! Цы "фæлæ", куыд "фæлæ"? Зæгъ æй æххæст! Цыдæр зоныс. Зæгъ-ма йæ, дæ хорзæхæй. Курын дæ. X о р а н. Иу æлдары чызгмæ зонын бирæ хос, фæлæ дзы рауæй кæндзæн æви нæ, уый зын зæгъæн у. Ныртæккæ ал- 223
чидæр йæхæдæг тыхст уавæры бахауд æмæ... Æрмæст уыцы чызг фервæзын кæнид дæ фосы. Д о л æ т. 0, хæрзæмбæлæг зæронд лæг, цом ма мемæ, бахæццæ мæ кæн уыцы чызгмæ. Фидгæ дæр дын бакæндзынæн, уæдцæр æм цом иумæ. X о р а н. Цæуын æм нæ хъæуы, ам ис, нæ разы лæууы æмæ нæм хъусы. Д о л æ т (Борæханмæ). Æцæг? Уый ды дæ? Дæумæ ис бирæ хос? Б о р æ х а н. 0, уый æз дæн. Æцæгдæр мæм ис бирæ хос. Д о л æ т. 0, Стыр Хуыцау, мæ уд дæ нывонд фæуа, фæ- тæригъæд мын кодта æмæ мын мæ ирвæзынгæнджыты мæ разы февзæрын кодта. Æмæ дæм цас ис хос, рæсугъд æхсин? Б о р æ х а н. Нымæц кæмæн нæй, уый бæрц. Мæкъуыл- тæ мингæйттæй нымадтой. Д о л æ т (фыр цинæй). Æцæг, æцæг?! Б о р æ х а н. Æцæг, цæмæн дæ хъуамæ сайон? Д о л æ т. Æмæ мын дзы цас рауæй кæндзынæ? Б о р æ х а н. Уæййаг мын не сты. Д о л æ т. Уый та куыд? Цæмæн дæ хъæуы уый бæрц? Рауæй мын кæн се ’мбис. Аргъыл нæ дзурдзыстæм. Цы бацагурай æхцайæ, сыгъзæринæй, зынаргъ дурæй, æндæр хæзнайæ, уый дын ратдзынæн. Б о р æ х а н. Бузныг дæ хъæздыгдзинæдтæй, фæлæ мæ хос уæййаг нæу, нæхи фосы хъæуы. Д о л æ т. Рæсугъд æхсин! Фæтæригъæд мын кæн, фер- вæзын мæ кæн! Мæ худ дын исын, дæ разы мæ зонгуытыл дæр æрлæудзынæн, уæдцæр... Борæхан. Нæ хъæуы, нæ хъæуы!.. Цæй хорз, дæ тæ- ригъæдмæ кæсын нал у мæ бон. Æрмæст дын хос уæй нæ акæн- дзынæн. Д о л æ т. Ома? Уæдæ? Нæ дæ ’мбарын. Б о р æ х а н. Æрмæстдæр ивгæ. Д о л æ т. Тынг хорз! Иттæг хорз! Ды цыдæриддæр зæгъай, уый дын ратдзынæн. Дзургæ, цæуыл ивæм? 224
Б о р æ х а н. Уæдæ мæм хъус лæмбынæг. Фæсхохы æл- дармæ, дам, ис иу цъиу, æнахуыр цъиу. Æрхæсс мын уыцы цъиу ’ æмæ алас хос, цас дæ хъæуы, уый бæрц. Д о л æ т (фенкъард, фæджих). Цъиу, зæгъыс?.. Нæй ахæм цъиу... Æндæр исты зæгъ: хæзнатæ, кæнæ... Б о р æ х а н. Ис ахæм цъиу. Æндæр мæ ницы хъæуы. Д о л æ т. Цъиуы дын нæ ратдзынæн. Зæгъ æндæр исты. Б о р æ х а н. Æмæ ды чи дæ? Цæмæн зæгъыс "нæ рат- дзынæн"? Фæсхохы æлдар ма уай? Д о л æ т. 0, уый æз дæн... Фæлæ цъиуæн дæттæн нæй. Мæ фос мын уый куы хъахъхъæны, мæ хабархæссæг уый куы у. Йæ уд мæ къухы ис, мæхимæ... Нæ, нæ, цъиу нæ... Борæхан. Æз дыл тыххæй куынæ дæн. Дæ бар дæ- хи. Ахъуыды кæн: кæнæ цъиу, кæнæ дæ фос. Д о л æ т. Цы кæныс цъиуæй? Дæ хуызæн Æхсинæн би- рæ хæзнатæ хуыздæр сты. Цæрæнбонты фаг дын ратдзынæн. Зæгь, цас дæ хъæуы. Б о р æ х а н. Дæ фосы, æвæццæгæн, куыд дзырдтай, зфтæ тынг нæ уарзыс. Нæ сыл кæныс тынг мæт: цъиуы аргъ дæр сын нæ кæныс. Æмæ, дам, сæ мæ удæй фылдæр уарзын. Сайæн ныхæстæ. (Хоранмæ). Цом, цæуæм, Хоран, дзæгъæлы фесæфтам нæ рæстæг. X о р а н. Цом, цом. Мит тынгæй-тынгдæр уары. Фæн- дæгтæ æрæхгæдта бынтон... Дæ фосæн хос ныккалæм. (Фæцæ- уынц). Д о л æ т. Фæлæуут-ма!.. Æгъатыр тыхгæнджытæ! Гæнæн мын нал ис... Ратдзынæн уын цъиуы. Сымах фæуæд. Æрмæст уын йæ уды нæ ратдзынæн, уый мæхимæ хъуамæ уа. Б о р æ х а н. Æнæуд цъиу кæй хъæуы? Кæд ивæм, уæд хуызæн ивд. Кæннод... Кæрæдзийæ куы ницы дарæм... Д о л æ т. Дæ хуызæн хивæнд сылгоймагæй нæма фед- тон. Басастай мæ... Дæттын дын йæ уд дæр. Кæм сты дæ хостæ? Райдайæм сæ ласын. Б о р æ х а н. Цъиу куы уа мæ къухты, уæд дын бар уыдзæн. Æнæ уый хосмæ ’вналæн нæй. Д о л æ т. Цæй зын мын у, фæлæ цы кæнон... (Æрхаста йæ армы тъæпæнтæ æмæ йæм цъиу æрбатахт. Борæханимæ 15 Царды хос 225
сæхи æнæзонгæ скодтой. Долæт цъиуы дæтты Борæханмæ). Айс æй æмæ йæ фæрнæй фæдар. Б о р æ х а н. Нæ, афтæмæй нæ. Йæ уд дæр ын æри. Куыд бадзырдтам, афтæ. Д о л æ т. Æвæццæгæн æй Хуыцау дæуæн снывонд код- та. Цы гæнæн ис... Йæ уд ын æз мæ риуы дзыппы дарын сыгьзæ- рин къоппы. (Систа къопп æмæ йæ цъиуимæ дæтты Борæханмæ). Æрмæст дæ тынг фæдзæхсын: куыддæр цъиуæн йæ удмæ сулæ- фыны бар радтай, афтæ дæ цъиуæй æнæхай фæуыдзынæ. Б о р æ х а н. Уæдцæмæн? (Цин кæны цъиуыл, йæ дæл- лаг хъуыры йæ акæны). Цы фæуыдзæн мæ цъиу? Д о л æ т. Уæд фестдзæн лæппу æмæ дын нал уыдзæни цъиу. Лæппуйæ та цы кæныс? Æлдары чызг фыййæуттæ æмæ æх- хуырстытæ хъуаг нæ вæййы. Цъиу та ахæм у, æмæ зæххы цъарыл дыккаг ахæм цъиу нæй. Б о р æ х а н. Бузныг, бузныг, стыр бузныг дæ дæн, Фæсхохы æлдар. Цæмæ бæллыдтæн, ахæм лæвар мын бакодтай ды. Алас мæ хос, йе ’мбис нæ — иууылдæр æй алас. Уый та дын мæ лæвар. Д о л æ т. 0, Хуыцау дын хорз амонд æрхæсса, цæй дис- саджы нæртон чызг дæ, хæларзæрдæ, цæстуарзон! Дæ фæрцы мæ фосы дзугтæ фервæздзысты ацы фыддуджы. Б о р æ х а н. Æрхаста, æрхаста! Æрхаста мын амонд дæ фæрцы, о, фæрнджын æмæ намысджын хистæр, Фæсхохы æлдар! Мæ сæрæй дын ныллæг кувын. (Кувы йæ сæрæй). X о р а н. Уæ фембæлд фæрæстмæ. Кæрæдзийæн уæ лæвæрттæ хæлар. Цин кæнын æз дæр уæ циныл. Борæхан, мæ хур! Æххæст ма уыцы къопп куы байгом кæнис — тæригъæд у, кæдмæ фæраздзæн ахæстоны бадын? Д о л æ т. Нæ, нæ! Уый ма бакæн! Куы дын загътон, фæ- уыдзынæ фæсмонгонд. Къоппæн гомгæнæн нæй! Б о р æ х а н. Хатыр, æлдар. Нырмæ дæу уыд, ныр та мæн у, æмæ мæ бар мæхи у. Мæнæн мæ амонд ацы къоппы ис. Мæ амонд ис мæ къухты! Куыд æм кæсон æнæ удæй? Кæй хъæуы æнæуд амонд, зæгъ-ма? Байгом кодта къопп æмæ йæ цъиуы бырынкъмæ бахаста. Д о л æ т ма йæ хъавыд бауромынмæ, фæлæ æваст арв ныннæрыд, бæстæ цæхæртæ 226
акалдта æмæ цъиу фестади лæппу — Асæхмæт. Борæхан ныхъхъæр кодта. Асæхмæт! Мæ бæллиц, мæ амонд, Асæхмæт! Ныр нæ ничи- уал фæхицæн кæндзæн! А с æ х м æ т. Борæхан! Мæ дунейы рухс, мæ царда- монд, Борæхан! (Кæрæдзиуыл ныццин кодтой. Долæт фæсонтау. Асæхмæт райста Хораны къух, "бузныг, стыр бузныг" ын загъта. Æрбахъæбыс кæнынмæ хъавы Борæханы). Б о р æ х а н. Фæлæу гыццыл, дæхи фæуром. Уыцы бон нæма у. Лæг хъуамæ йе ’нкъарæнтыл фидар хæст фæраза. Нæ цу- ры хистæртæ... А с æ х м æ т. Ныббаруг мын, нæ буц хистæртæ. Фæндыр- ты мæ куы фæцæгъдой, зарджытæ мыл куы скæной, уæдцæр æй дзур- дзынæн æргом: æнæ дæу мын, Борæхан, хор хоры ад нæ кодта, дон- доны ад. Хур мæ нал тавта, бæстæ мыл баталынг. Ныр дуне ныррухс ис, циндзинадæй байдзаг мæ зæрдæ æмæ йын бамбæхсæн нал ис. Б о р æ х а н. Æмбарын дæ, мæ цæсты рухс Асæхмæт, уыдзæн нæ цинтæн дæр рæстæг. Д о л æ т (джихтæ кæны, цыма фын уыны). Асæхмæт... Цавæр Асæхмæт? Цы уынын уый? Æлдары чызг кæуыл узæлы аф- тæ? Цы фæци цъиу?.. Ау? Уыцы лæппу Асæхмæт у? X о р а н. 0, о, æлдар! Уый æцæг у афтæ. Æцæг уарзæт- тæн хицæнгæнæн нæй. Ды йæ ахæстоны æмбæхстæй дардтай, фæлæ йæ уарзты цæхæр раскъуыдта зындонæй. Нæ фæтарсти зындзинæдтæй Борæхан. Тæссаг фæндæгтыл цыд æдæрсгæ, агуырдта йæ амонд æмæ йæ ссардта: фервæзын кодта æнусон къæппæгæй Асæхмæты, ракодта йæ цардмæ. Б о р æ х а н. Афонмæ Дада æмæ Нана сæ сæрыл сис- той бæстæ, агурынц мæ, стыр маст сын скодтон, фæлæ мын кæд ныббариккой мæ сонт ми. Мæ фыды хай Хоран, мæ хæрзгæнæг Фæсхохы æлдар, хонæм уæ Асæхмæтимæ нæ чындзæхсæвмæ. Кадджын уазджытæ дзы уыдзыстут. Асæхмæт, ды цы зæгъдзынæ? А с æ х м æ т. Æнæмæнг афтæ, хонæм уæ нæ чындзæх- сæвмæ рæсугъд Борæханимæ. Д о л æ т. Мæнæ диссæгтæ уынын, мæнæ диссæгтæ хъу- сын. Не ’ууæндын мæ цæстытыл, мæ хъустыл. Фынтæ уынын, æви хъал дæн? 227
X о р а н. Фынтæ нæуыныс—хъал дæ. Æцæгдзинад уыныс æмæ хъусыс. Зæххыл Хуыцау цы сфæлдыста рæсугьдæн, амондæн, цæрынæн, раст уыцы арфæйаг хъуыддагæн дæ æвдисæн. Д о л æ т. Цъиу лæппу кæй фестдзæн, уый зыдтон, фæ- лæ ахæм æвзыгьд, хæрзконд æлвæст хъæбатыр гуырд уыдзæн, уый æнхъæл та чи уыд. Мæнæ диссæгтæ, Царциаты диссæгтæ. X о р а н. Сæ дыууæ дæр æрдхæрæны кæстæртæ. Д о л æ т. Кæсын æмæ сæм тæхудытæ кæнын, адæм та мæнмæ кæнынц хæлæг. Æмæ мæм ис, цæмæ хæлæг кæной, уый. Æрмæст мын мæ цард ад нæ кæны. X о р а н. Цæуыннæ уæд? Цæуыл ма у дæ сагъæс? Д о л æ т. Хуыцау мын байзæддаг нæ радта, нæ мын ра- цыд бындур. Мæ фæстæ чи хæсдзæн мæ ном, кæмæн ныууадз- дзынæн мæ бынтæ? Мæ ис, мæ бон мын адæм дымгæмæ ныд- дардзысты. Исбон та мæм уый бæрц ис, уый бæрц... Мæ фосы дзугтæн нæй нымæц... Æнæбындур, æвæстаг дæн, уæздан Хоран. X о р а н. Ныууадз дæ сагъæстæ. Цом семæ æмæ сын сæ циныл бацин кæнæм мах дæр. Иу хъуыды мæм сæвзæрд — Асæх- мæты схондзынæ дæ фырт, кæд разы сты нæ буц кæстæртæ, уæд рауаид стыр хорз. Б о р æ х а н. Нæ зонын, цы зæгъдзæн Асæхмæт, фæлæ æз сразы уаин ахæм хорз фæндоныл. Д о л æ т. Асæхмæт, ныххатыр кæн, кæд искуы раст нæ уыдтæн демæ. Нæ зыдтон хабæрттæ бæстон. Нæ буц хистæр Хо- раны фæндон мæ зæрдæмæ арф бахъардта. Зæгъ мæ дæхицæн фыд. Æз дæ сæрыстырæй мæхицæн загътон фырт. Хуымæтæджы номы тыххæй нæ — æрцæр мæ галуанты, мæ бынтæ иууылдæр дæу сты. А с æ х м æ т. Цы ма уа хуыздæр уымæй — Хуыцау мын радта фыд. Æз разы дæн бæгуыдæр, дæ зæрдæ дар — бæздзы- нæн дын фыртæн. X о р а н. Уæ къухтæ кæрæдзимæ раттутæмæ уын уый ар- дбахæрд фæуæд. Д о л æ т. Æрцу-ма мæм, мæ фырт Асæхмæт. А с æ х м æ т. Мæ фыд, дæ дзырдмæ цъиуау алкæддæр тæхдзынæн. (Бауад Долæтмæ, кæрæдзи къухтæ райстой æмæ ныхъхъæбыс кодтой). 228
д о л æ т. Таурæгъты дзуринаг бон у абон. 0, сыгъзæрин феста, ацафон мит чи ныууарын кодта, мæнæн ахæм саджы фи- сынтыл амад фырт чи балæвар кодта, уыцы Хуыцау! X о р а н. Арфæ кæн дæ чындз Борæханæн. Хуыцауæй дæр мит ныууарын уый ракуырдта. Æппæт хъуыддæгтæ иууылдæр уый сарæзта, уый фæндæй, уый зондæй рауади афтæ. Д о л æ т. Амондимæ дын бирæ цæрæнбон радтæд Хуы- цау, мæ ирвæзынгæнæг, мæ чындз Борæхан. Дæ фæрцы мæ цард аивта бынтон, дæ фæрцы ныр бынтон хъæздыг сдæн. Æнæнхъæ- лæджы мæ тыхджын æмæ ныфсджын скодтай. Дæ фæрцы та мæм ныр цæрын æрцыди: сымах мæ бындуртæ, мæ фидæн. Б о р æ х а н. Бузныг. Уарзонæй цæрдзыстæм. Цомут ныр, нæ цинты хабар фехъусын кæнæм мæ ныййарджытæн. X о р а н. Цомут, уæдæ, цомут. Уастырджи, фæндараст нæ фæкæн. Д о л æ т. Мæ хъæбултæ! Цæуын æз уемæ цингæнгæ. Фæлæ мæ фос æнæ хосæй ныууагьтон, тæригьæд сын кæнын. Б о р æ х а н. Мæ фыды хай, мæ хицау. Æппындæр ууыл ма кæн мæт: цыдæриддæр нæм хосæй ис, уыдон иууыл тæккæ райсом дæ хæдзары уыдзысты. А с æ х м æ т. Цæмæн "дæ хæдзары?" Зæгъ, нæ хæдза- ры, нæ хæдзары уыдзысты райсом. Д о л æ т (фырцинæй). 0, уæ рынтæ бахæрон, мæ хъæ- бултæ! Сымах мæнæн цы амонд радтат, ахæм амонд никуы ’рцыд зæххыл. А с æ х м æ т. Цом, нæ буц хистæр, Хоран. Цом, мæ фыд Долæт. Ныр иумæ скæндзыстæм чындзæхсæвтæ фыццаг нæ каистæм, стæй та уæд нæхимæ. Д о л æ т. Æнæмæнг, æнæмæнг, Асæхмæт, дун-дунеты ’рхондзыстæм нæ чындзæхсæвмæ. Раст цыма мыл базыртæ ныс- сагьтат, афтæ фыр цинæй стæхынмæ фæхъавын. X о р а н. Æгьгьæд у ам лæууынæн. Уадз æмæ Борæха- ны ныййарджытæ дæр дæуау, Долæт, фæцин кæной сæ чызгыл, се сиахсыл, дæуыл — сæ ног хæстæгыл. Б о р æ х а н. Æмæ дæуыл дæр, мæ фыды хай Хоран, мæ ирвæзынгæнæгыл, мæ зондамонæгыл. (Иууылдæр хъæлдзæ- гæй, бæрæгбоны музыкæйы зæлтимæ ацæуынц). Æмбæрзæн. 229
ÆВДÆМ НЫВ Фыццаг нывы декораци. Æ л д а р æмæ Æ х с и н мардæрцыды катай кæнынц. Æ х с и н. Мæ хæдзар фехæлд, фесæфти мæ чызг. Йæ хъуырмæ йæ скодтай æмæ йæ сæр, йæ кой акодта. Гуымиры дæ цæрæнбонты, гуымиры... Куыд фæцардтæн ахæм фыдлæгимæ... 0, мæ бон бакалд, Борæхан. (Кæуы). Æ л д а р. Ныхъхъус у, цæй! Мæхи зæрдæ дæр тоны... Кæд нæ Хуыцау бынтон нæ фесафид. Æ х с и н. Кæм сты дæ фæдисæттæ цалдæр боны? Сæ уæраг асаст? Цагъды фесты? Цагьды фæуой! Иу хабар хæссæг сæ нæй!.. Æвæццæгæн, удыгас нал у мæ чызг. 0, мæ фæрстæ дын фехæлой, мæ хъулонуарзт Борæ! Кæд дæ искуы бирæгьтæ бахор- дтой... (Кæуы). Æ л д а р. Банцай, фæхæц дæхиуыл. Банхъæлмæ уал кæс нæ фæдисæттæм, стæй уæд бæрæг уыдзæн. Ницыма зоны, аф- тæмæй йæ уæлсынт авæрдта. Æ х с и н. Цы зонын ма дзы хъæуы, хъæбулхор, дурзæр- дæ, фыдгæнæг! Йæ чындзæхсæв ын хистмæ куы раивтай... Мæ бындур ныззила, кæд ацы ныхæстæ ме ’взаг та куыд кæрды. Фæ- лæ ма цы акæнон, уый куы нал зонын. Бирæ мæ куы нал хъæуы сæрра кæнынмæ. Кæм дæ, цы фæдæ, мæ зæрдæдарæн? Хæрз- бон та мын куыннæ загътай,*Борæ, мæ къона? Оу, цы кæнон? Оу, куыд кæнон? (Кæуы). Æ л д а р. Ахæм ма дзы хæлд заман скæндзæн!? Дæ чыз- гмæ, дам, тызмæг цæмæн сдзырдтай. Æмæ ныр нæ кæстæртæй сæ ныййарджытæ тызмæг кæмæ сдзурой, уыдон хъуамæ сæхи æрцауындзой? Кæд уыди ахæм рæстæг? Кæм фендæуыд ахæм æнамонд, ницæййаг кæстæртæ? Æ х с и н. Дæу ничи басæтдзæн. Сæттыныл дзырд нæ дæ. Куы зонай аххосджын дæ, уый, уæддæр дын басæттæн нæ вæййы: дæ сæрмæ йæ нæ хæссыс. Рæдыдыл басæттынæн дæр лæг хъæуы. Ды та дæ чызджы царæфтыд фæкодтай, уæддæр "мæн аххос уыд" нæ зæгъыс. Дæ адæмæн дæр марг дæ, æм- ризæджы дæ ризынц. Дæ чемы куынæ вæййыс, уæд къуымты бамбæхсынц æмæ дæм хуынчъытæй фæкæсынц, кæд ацæудзы- 230
нæ, уымæ. Уымæн æмæ фыдлæг дæ, мæлын кæй фæнды? Уд- хор дэе ды. Æ л д а р. Банцай дын куы з агътон, мæ маст мæ хъуыр- мæ схæццæ. Къуымых кардæй мæ аргæвстай бынтондæр. Æ х с и н. Æвал-æвидисæй фæцардысты дæ чызджытæ, ды та сæ мисхалмæ дæр нæ дардтай. Цæй, ныр кæм ис мæ æвæлмас сывæллон? Йæ фыды аххосæй æрбайсæфт. Æ л д а р. Цæй хорз! Фæуæд мæн аххос, уæддæр фæхæц дæхиуыл. Æ х с и н. Азымджын дæн æз мæхæдæг дæр — нæ йæм дардтон мæ хъус йæ тыхст заманы. Уыдтон æй, мæ чызг æгæлæн- тæ кæны, уæддæр æм ме ’ргом нæ аздæхтон рæстмæ. Æгæр мæ- гуыр мын йæ зæрдæйы уаг дæр никуы бамбарын кодта... 0, ме ’мбæхстзæрдæ чызг, мæ к’ьона... (Кæуы). Æ л д а р. Хуыцауы бар уал мæ æруадз, кæннод дын... (Æрбацыд лæггадгæнæг). Лæггадгæнæг. Хатыр мын уæд, кæй уæ хъыгда- рын, уый. Æ л д а р. Цы хабар у?! Цы ’рбасхъæл дæ? Нæ уыныс, мах ныхас кæй кæнæм, уый? Лæггадгæнæг. Ныббар мын мæ рæдыд, фæлæ уæм цавæрдæр адæм æрбацæуы. Ис дзы зæрæдтæ, æрыгæттæ. Æ х с и н (йæхи хойы). Мæ хæдзар куыд фехæлд, мæ бындур куыд ныззылд: æрбахæссынц нæм сау хабар! Цы кодта, цымæ, кæм бабын, кæм бацарæфтыд? Æ л д а р (лæггадгæнæгмæ). Сæ размæ ахизут, ракæнут сæ мидæмæ. (Лæггадгæнæгацыд. Æхсинмæ). Фæхæц дæхиуыл... Бынтон æнæгъдауæй ма равдис дæхи... Нæй гæнæн... Æрбацыдысты Хоран, Долæт, Асæхмæт æмæ Б о р æ х а н. Æ х с и н. Мæ х-æдзарыл! Бор... (Йæ зæрдæ бахъарм, дон ын дæттынц). Б о р æ х а н. Нана, Нана! Цы кодтай? Уый æз дæн, дæ чызг Борæхан. Ма тæрс, æрсабыр у. Дон ахуыпп кæн. Гъе, аф- тæ, мæхи Нана. Ракæс-ма нæм. Мауал хæр дæхи. Æз мæнæ дæн. 231
Æ л д а р. Борæ, мæ гыццыл чызг! Кæм уыдтæ? Куы нæ фæтæрсын кодта. 0, Стыр Хуыцау, мæ чызг фæзынд дæ фæрцы. Æ х с и н. Борæ, ды дæ? Удыгас мын дæ? Кæм фесæф- тæ? Сæрæгас дæ? Ницы фыдбылыз дыл æрцыд? Б о р æ х а н. 0, æз дæн, уæдæ чи дæн? Дзæбæх, æнæ- низ дæн. Æппындæр ма мыл ма мæт кæн. Æ х с и н (æрбахъæбыс кодта Борæханы). Уырнгæ дæр мæ нæ кæны. Мæхи марыны онг уыдтæн. Ныр та мæ зæрдæ ба- рухс. Б о р æ х а н. Хатыр уæ курын Нана, Дада; ныббарут мын мæ къæйныхдзинад. Маст уын кæй скодтон, уый мын ныббарут. Æ л д а р (йæ усмæ). Æмæ дын нæ дзырдтон, дзæгьæ- лы ма хæр дæхи, зæгьгæ. (Борæханмæ). Мæ уд мын сласта дæ мад, мæ чызг, дам, дæу тыххæй фесæфт. Зæгъ-ма, Борæ, мæн аххос дзы цы уыд? Б о р æ х а н. Мур дæр ницы. Иууылдæр мæхи фæндтæ, мæхи аххос уыдысты. Æ л д а р (уазджытæм). Уæ хорзæхæй ныххатыр нын кæ- нут. Нæ чызгыл цин кæныныл фестæм. Хъæбулы мастæй судзаг- гагдæр нæй. Уæ цæрæнбонтæ бирæ, мæнæн мæ чызджы йæ хæдзарыл чи сæмбæлын кодта. Уæ хорз лæггадæн аргъ скæнын базондзынæн æз, уæ зæрдæхудты ницæмæй бацæудзынæн. Фæ- лæ уал ам фæут, Борæханæн хъæугуывд кæнын æмæ дзы сымах кадджын уазджытæ уыдзыстут. Æххæст ма базонæм кæрæдзи. Д о л æ т. Долæт мæ ном, Фæсхохы æлдар. X о р а н. Хоран хонынц мæн та, сыхаг хъæуæй. А с æ х м æ т. Хатыр мын уæд — Асæхмæт у мæ ном. Æ л д а р. Нæ базынд амондимæ уæд. Сымах хуызæн зы- наргъ уазæг-хæрзгæнæг мæ хæдзары нæма уыд. (Йæ усмæ). Не ’фсин! Бæрæгбон нын у абон, стыр бæрæгбон! Сæр дæ бахъуыд, уазджытæм æркæсæм. Куывды размæ уал абадæм нæхæдæг. Æ х с и н. Ууыл та цы тыхсыс? Бæстæ нæм бæркад æмæ бæрæчет куы у, уæлдайдæр та, ахæм æнæнхъæлæджы циндзинад чи ’рбахаста, уыдонæн. Ныртæккæ дзаджджын фынгтæ февзæр- дзысты уæ разы. X о р а н (æлдарæн). Мах уын канд уæ чызджы не ’рба- хæццæ кодтам, фæлæ ма уæм уæ чызджы тыххæй минæвæрттæ дæр стæм Фæсхохы æлдары фыртæй. 232
Æ л д а р. Ахæм хабар дæр ма дзы ис? Мæ чызг кæмæй- фæнды зæгъæд йæхицæн къай, къуылымпы дзы нæ уыдзæн, йæ ныхмæ иу ныхас дæр не скæндзынæн æз. Д о л æ т. Амонддæттæг Хуыцау у æмæ йæ бирæ хæрз- тæй хай бакæнæд сыгъдæгзæрдæ, амондагурæг æвзыгъд кæс- тæртæн. Зынаргъ æлдар, дæ чызг æмæ нæ лæппу дæр ахæм кæ- стæртæ сты. Мах курæг стæм — дæ хорзæх нæ куы уаид. Æ л д а р. Куыд бамбæрстон, афтæмæй нæ радзур- бадзур, рафæрс-бафæрс кæныны сæр нал хъæуы. Иугæр мæ чызг йæхицæн равзæрста цардæмбал, уæд ма йыл цы дзурæм. Д о л æ т. Фæсмон нæ фæкæндзыстут, мах дæр уын хæ- стæгæн бæздзыстæм. Фæсхохы æлдæрттæй мæнæй хъæздыгдæр иу дæр нæй. X о р а н. Нæ буц фысым, куыд фехъуыстон, афтæмæй, дам, дæ байрæгтæй дæр иу, сæ хуыздæр, фесæфт. Уый æцæг у? Æ л д а р. Байраг та циу? Байрæгтæ бирæ. Мæ чызг, мæ чызг! Борæхан мын фæзынд! X о р а н. Нæ, ма зæгь. Хуымæтæджы байраг нæ уыд дæ байраг. А с æ х м æ т. Байраджы хуызы цардтæн æз дæумæ, цæмæй дæ чызджы алы бон уыдтаин. Æ л д а р. Цы загьтай, цы? Нæ дæ бамбæрстон. Чи дæ? Байраджы хуызы? Куыд? Б о р æ х а н. Асæхмæт раст зæгьы, Дада, æцæг уыд афтæ. Æ л д а р. Нæ мæ уырны. Куыд ис уый гæнæн? Мæ бай- раг уыд лæппу? А с æ х м æ т. Æцæгдæр афтæ уыд. Фæлæ мын уæ чын- дзæхсæвы бон дæ чызг Борæхан басыгъта мæ байрагдзарм. Уæд æз цъиу фестадтæн æмæ атахтæн Фæсхохы æлдар Долæтмæ. Дæ уазæг у ныр абон Долæт йæхæдæг. Æ л д а р. Аргъæуттæ мын дзурут, æви сæнттæ цæгьдут? Б о р æ х а н. Нæ, нæ, Дада, уыдон не сты аргьæуттæ, сæнттæ дæр не сты. Æз базыдтон Хораны фæрцы, ацы цъиу кæм цæры, уый. Æз базыдтон Асæхмæты фæрцы нæ фыды хай Долæт йæ фосы æгæрон бирæ кæй уарзы. Æз куывтон Хуыцаумæ, ра- 233
куырдтон, цæмæй ныууара залты мит. Хуыцауæн табу — фехъуыст æм мæ куывд. Æ х с и н. Мæ къона фехæлд, Борæхан, исчи дын, мый- йаг, кæлæнтæ скодта? X о р а н. Æцæгтæ дзуры, буц Æхсин, дæ чызг. Б о р æ х а н. Кæлæнтæ не сты. Долæты фос арф миты бын цагъды куы кодтой, уæд нæм æрцыд хос æлхæнынмæ. Мах уый размæ Хоранимæ æрцæттæ кодтам бирæ хос æмæ сæ ба- ивтам Долæтимæ цъиуыл. Ныр уыцы цъиу — Асæхмæт у дæ сиахс. Долæт дзы загъта фырт йæхицæн, Асæхмæт та Долæтæй —’фыд. Æ л д а р. Мæ хъустыл не ууæндын, уырнгæ дæр мæ нæ кæнынц дæ ныхæстæ. Иу хабарæй иннæ диссагдæр, нымæхст- дæр. Фæлæ, цыма, æцæгтæ дзурыс, афтæ дæр мæм кæсы... Уый мæ чызг æрдхæрæны хæрзæмбаргæ куы у, уæларвон зæд куы басгуыхт æмæ йæ æз куынæ зыдтон. X о р а н. Сæрыстыру, Æлдар, дæ чызгæй. Æцæгæрдхæ- рæн у йæ зонд, йæ уарзты тых, йæ фарн. Зындзинæдтæй нæ фæ- тарст. Хуыцæутты дæр ма æрыхъусын кодта йæхимæ. Æз тынг би- рæ фæцардтæн, фæлæ сылгоймагæй фыццаг хатт федтон ахæм фарны хицау. Д о л æ т. Хатыр мын уæд, мæнæн кæд ам дзурын нæма ’мбæлы, уæддæр мæ хъуыды хъуамæ рахæссон рæгъмæ. Æ л д а р. Зæгъ, зæгь, мæ буц уазæг, Долæт. Д о л æ т. Кæсын уæм, нæ амондджын фысымтæ, æмæ уæ циныл цин кæнын æз дæр. Уæ чызджы фæрцы, табу Хуыцау- æн, абон дæн фыртджын: ис мын фырт Асæхмæт æмæ чындз Бо- рæхан. Нæ кæстæрты фæрцы ныр мах хæстæджытæ стæм, цыт- джын æлдар. Æ л д а р. Фæлæуу-ма, фæлæуу. Нырма мæм ныр бахъ- ардтой уæ ныхæстæ. Куыд бамбæрстон, афтæмæй сымах бынтон æндæр хабæрттыл куы дзурут. Æз та, зæгъын... X о р а н. Æндæр хабæрттæ не сты. Куывд æмæ та чындзæхсæв иумæ скæнæм. Борæханæн æвзарын кодтай къа- йаг æмæ йæ равзæрста. Оиахс дæр, сиахсы фыд дæр ам сты. Æз та дæн æвдисæн лæг. Сæр дæ бахъуыд, æлдар, æгъдау дæ æрцахста. 234
д о л æ т. Нæ царды куыд баззад, афтæ: фыццаг уал ам саразæм чындзæхсæв — чызгæрвыст, стæй та уæд Фæсæф- цæджы махмæ чындзæхсæв. Æ л д а р. Долæт, нæ дыууæ дæр æлдæрттæ стæм. Бав- зарæм, кæддæра нæ чи хуыздæр чындзæхсæв скæнид. Д о л æ т. Бавзарæм. Фæлæ дын рагацау зæгьын, æз дæ куы амбулон, уæд-иу дæм ма фæкæсæд хъыг. Æ л д а р. Ма тагьд кæн æппæлынмæ, мыййаг, дæ дæ ныхæстыл фæсмон кæнын куы бахъæуа. Д о л æ т. Фыццаг уал ды кæныс чындзæхсæв. Дæ фæс- тæ йæ æз куыннæ фæхуыздæр кæндзынæн. Æ л д а р. Галтæ уæрыччыты ’ргæвст чи кæны, уыимæ дын зын ахæцæн уыдзæни. Д о л æ т. Мæ чындзæхмæв ма хъæздыгдæр уымæн уыдзæн, æмæ мæ галуантæ ныррухс уыдзысты бæсты рæсугъд Борæханы хурæй. Мæ къæсæрыл бахиздзæн фарн æмæ амонд. Æ л д а р. 0, уæ цæрæнбон бирæ уа, махæн ахæм цин, ахæм амонд чи ’рхаста!.. Куыд кæсын, афтæмæй Борæ йæ хоты амбылдта, дæсныдæр разынд цардæмбал равзарынмæ. Æ х с и н. Ды та йæ масты хай фæкодтай. Тыххæй йæ моймæ лæвæрдта. Æ л д а р. Ныууадз-ма, цæй, зæронд хабæрттæ. Цæмæй зыдтон уæ сусæг митæ æмæ хъуыдытæ. Цин кæнын хъæуы — хуыздæрырдæм фæци нæ хъаугьа. Б о р æ х а н. Цæй ферох кæнæм уыцы ’нкъард ха- бæрттæ. Æ л д а р. Хорз, хорз, сæ кой дæр нал. Мæ зæрдæ ’рса- быр. Фæлæ мæ, Борæ, уæ чындзæхсæвы размæ иу хъуыддаг ба- зонын фæнды. Б о р æ х а н. Зæгь æй, дада, цæмæ ’хсайы дæ зæрдæ? Æ л д а р. Цы хорздзинад уæ хъæуы цардæй, мæнæй, Хуыцауæй? Цæмæ бæллут? Цæмæ тырнут? Уæ царды хæс цы уыдзæн? Б о р æ х а н. Мæнæн, Дада, мæ царды нысан конд у, фæлæ йæм иунæгæй зын уыдзæни цæуын. А с æ х м æ т. Мæ дунейы рухс! Æз кæддæриддæр дæ фарсмæ. Æрмæст мын зæгъ, цы нысан сæвæрдтай дæ размæ, цы 235
кæнын хъæуы, уый. Алкæмæн дæр йæ ис, йæ бон, йæ хæзнатæ кæм вæййынц, уый вæййы йæ зæрдæ. Мæнæн та мæ хæзнаты хæзнадæр ды куы дæ, мæ цардæй мын зынаргьдæр цы хæзна у, уый ды куы дæ, Борæхан: мæ зæрдæ демæ ис æнустæм. Дæ фæндон зæгъ, мæ дуне, дызæрдыг ма кæн. Б о р æ х а н. Хъæудзæни дзы дæ зонд, дæ тых, дæ хъару. А с æ х м æ т. Дæ фæндон сæххæст кæныны тыххæй æз мæлæтмæ дæр цæттæ дæн. Æ л д а р. Уый уагæр цавæр стыр нысан у? X о р а н. Цыдæр та сфæнд кодта нæртон Борæхан. Б о р æ х а н. Æрмæст мæхиуыл нæу мæ мæт. Фæнды мæ нæ цардæй фесафын зындзинæдтæ, хæрам, хъизæмæрттæ, удхар, æнæуынондзинад, хæст. Адæймагæн хорздзинадæй йæ зæрдæ цы зæгъы, уый йæ къухы куыд æфта. А с æ х м æ т. Ома, дзæнæты цард уæлæуыл. Тынг хорз! Райдайæм ыл кусын. Д о л æ т. Æгæр егьау хæстæ нæ исут уæхимæ? Уыцы цардмæ адæм æнусты дæргъы дæр бæллынц, фæлæ нырма ни- кæй къухы бафтыд. А с æ х м æ т. Нæ, нæ, Борæхан раст у! Уадз æмæ адæймаг иса йæ мондæгтæ æрдзы рæсугъддзинадæй æмæ цар- ды хорздзинæдтæй. Нал уыдзæн не ’хсæн бынат фыдлæгæн, фыд- мийæн, хæрамдзинадæн. Адæм уæд хæларæй, уарзонæй цæр- дзысты. Æ л д а р. Адон диссаг не сты, æз мæнæ не ’фсинимæ куынæ фидауын, уæд мæ сымах æппæт адæмимæ куыд цæрын кæнут уарзонæй? Б о р æ х а н. Хъуамæ мачи уа æххормаг, æнæхæдзар, алчи дæр æхсызгонæй куыд кæна йæ уарзон куыст, куыд дзы иса циндзинад, куыд дзы уа рæвдыд æмæ райгонд. Æ л д а р. Долæт, мæ ног хæстæг! Сæ ныхæсты цыма, нæ ныхмæ цыдæр фæндтæ кæнынц, афтæ дæм нæ кæсы? Д о л æ т (Борæхан æмæ Асæхмæтмæ). Æлдæртты ных- мæ ма сфæнд кæнут дзурын. Æмхуызон цардæн уæвæн нæй. Æл- дар æлдар у, æххуырст та у æххуырст. А с æ х м æ т. Нæ нысан арфæйаг у, бæллиццаг æмæ намысджын. Мæ дунейы рухс Борæхан! Цыфæнды зын æмæ тæс- 236
саг куы уа нæ фæндаг, уæдцæр ыл иумæ ацæудзыстæм кæронт мæ. Мах чи баурома, ахæм цæлхдур нæй. Б о р æ х а н (адæммæ). Æппæт зæххæй дæр саразæм дзæнæт. Зындзинæдтæй уæ чи нæ тæрсы, уыдон рацæудзысты немæ. А с æ х м æ т. 0, мæ зæды хай, мæ цæсты рухс, мæ ир- вæзынгæнæг! 0, рæсугьддзинады бардуаг! 0, тыхджын уарзон- дзинады бардуаг! Дæу мын цы фарн, цы Хуыцау радта, уымæн мæ цард-цæрæнбонты кувдзынæн æнæсцухæй. Б о р æ х а н. Нæ дзæнæтон царды зæрæдтæ кæндзы- сты æрыгон, рынчынтæ — æнæниз, къуырматæ — хъусаг, куырмы- тæ — уынаг, гобитæ — дзурæг, сахъат адæм — æнæниз. X о р а н. Æмæ-иу дзы уарзæттæ æнæмæнг кæрæдзи куыд ссарой, æмзай-æмзæронд-иу куыд бауой. Д о л æ т (Хоранмæ). Бæласы хорз дыргьæй бæрæг чын- дæуы. X о р а н. 0, раст зæгьыс, Долæт! Æмæ-иу сын куыд ра- цæуа бирæ æмæ хорз цæуæт! (Иууылдæр иумæ рацæуынц раз- мæ æмæ дзурынц æмхуызонæй: "Цæй уæдæ саразæм ахæм цард иумæ!"). Æмбæрзæн.
шашашашмшашашашашаш ЦИНЫ ЦÆССЫГТÆ Пьесæ-аргъау сабитæн АРХАЙДЖЫТÆ: Г ы р ы м Д ы р ы н Г о д о С а г Саджы лæппын К а л м X а л о н Архайд цæуы ацы бонты. ФЫЦЦАГ НЫВ Хъæды заргæ æрбацæуынц æртæ лæппуйы хуымæтæг дарæсы: Г ы р ы м, Д ы р ы н æмæ Г о д о. Г ы р ы м ы уæхскыл цыбыр хиарæзт топп, иннæтæм — дзæкъултæ. Зарынц: Дуне мах у, Цард дæр мах. Ныр лæгтæ стæм, хъомылтæ, Куы хыл кæнæм, Куы — гæрах! Ма нæ хонут лодыртæ! Ралыгъдыстæм Не ’ртæ раст 238
Лагерты тызмæг цардæй. Мах — хъæддæгтæ! Рæвдз - нæ каст! Нæй хуыздæр цæугæцардæй. Г ы р ы м. 0, нæ зынаргь Годо! Нæ къорды номæй дын арфæ кæнын дæ диссаджы зарæджы тыххæй. Д ы р ы н. Бам, бам-бам, ба-ба-ба-ба, ба-ба-ба-ба, бам, бам, бам-бам-бам! Г ы р ы м. Фысгæ, фысгæ нæ хæтæнтыл, нæ цæуæнтыл — æппæт дæр фысс. Уадз мах дæр чингуыты баззайæм, уадз æмæ нæ алчи дæр базона. Д ы р ы н. Кæй бауырндзæн Годо — поэт, Годо — компо- зитор. Суанг ма мæн дæр никуы бауырныдтаид. Уый хуымæтæджы Годо куынæ дæ, хуымæтæджы. Г ы р ы м. Ныффысс бæстон, куыд ралыгъдыстæм, куыд агуырдтам, куыд ссардтам бынат, куыд арвыстам нæ фыццаг æх- сæв хъæды, куыд райдыдтам цуаны цæуын. Д ы р ы н. Дæхи тыххæй дæ ма ферох уæд зæгъын. Куыд сахъгуырд дæ, куыд ницæмæй тæрсыс, куыд адджын фынтæ уыд- тай дысон. Г о д о. Дысон-бонмæ хуыссæджы цъыртт нæ федтон. Мæ уд сцæйхауд фыртæсæй, сæттын ыл. Д ы р ы н. Æмæ цæмæй тарстæ, мах дæр демæ куы уыдыстæм? Г о д о. Зæгъын нæм, мыййаг, бирæгътæ куы ’рбацæуой æмæ нæ куы бахæрой фынæйæ. Д ы р ы н. Æмæ дын цы уæлдай у, фæнды дæ хъалæй ба- хæрæд, фæнды фынæйæ? Г о д о. Цыдæртæ-иу ратæх-батæх кодта, зынгау, æрттыв- той. Кæд, зæгьын, хæйрæджытæ сты, мыййаг. Æз ахсæв уыцы лæгæтмæ нал бацæудзынæн. Д ы р ы н. Уæдæ кæм хуысдзынæ, цы фæуыдзынæ? Раке- тæйыл космосмæ ма стæх, иунæгæй нæ ма ныууадз? Г о д о. Ссарæм хæдзар, æдасдæр æмæ хъармдæр кæм уа, ахæм. 239
Д ы р ы н. Худæгæй нæ марыс. Ам дын хæдзар чи аразы. Г о д о. Хъæдгæсы ссарæм, уымæ цæрдзыстæм. Г ы р ы м. Дæ фæнд нæ бæззы, уæд кæм стæм, уый дык- каг бон лагеры базондзысты. Дырын, цы зæгъдзынæ ды та? Д ы р ы н. Нæ раздзог дæ, Гырым, дæ фæндыл нæй дыууæ зæгъæн. Г о д о. Æххормагæй дæр нал у мæ бон. Куыд цæрдзыс- тæм афтæмæй?.. Æвиппайды фæраст стæм. Хъæдмæ лидз æмæ демæ хæринаг ма рахæсс. Г ы р ы м. Ма тыхсут, мæ хуртæ. Хъæд маргьæй, сырдæй йе ’дзаг у. Цомут дарддæр, Æфсати у æххуысгæнæг цуанæттæн. Кæд махæн дæр исты хай радтид. Ацыдысты. ДЫККАГ НЫВ Рæсугъд фæз хъæды астæу. Хъазгæ, худгæ æрбазгъордта Саджы л æ п п ы н. Л æ п п ы н. Раййаф-ма мæ уæдæ, раййаф. Раст цыма тæхгæ кæнын, афтæ мæм кæсы. Кæм дæ, кæ, Æна? Ардæм рацу. Æрбацыд С а г. С а г. Æгæр ратæх-батæх кæныс, дæ фæдыл зилын нал у мæ бон. Ныффæллайын мæ кодтай. Л æ п п ы н. Æмбæхстытæй-ма ахъазæм, кæддæра мæ ссарис? С а г. Цом, цом, мæ къона. Ам тæссаг ран у! Л æ п п ы н. Диссаджы рæсугьд ран, хъазынæй дзы не ’фсæдын. С а г. Цом, цалынмæ нæ ничи федта ам, уæдмæ. Л æ п п ы н. Æна, æгæр тæрсаг цæмæн дæ? Куы никуы нæ ничи бафхæрдта. Нæхицæн хизæм, хъазæм, никæй хъыгдарæм. С а г. Нæ тæригъæдæй авд дæлдзæх ныххауæд, йæ уд зындоны хъизæмар кæнæд, цы лæг æрхъуыды кодта марæн хос нæ цардæн! 240
Л æ п п ы н. Ома куыд марæн хос? Мах куы никæй ма- рæм. Маргæ та цæмæн фæкæнынц, стæй цæмæй? С а г. Уый дардыл дзуринаг у. Сæ койæ дæр мæ зæрдæ сриссы. Цом, æндæр хатт дын сæ фæдзурдзынæн. Ам лæууæн нал ис, цом. Л æ п п ы н. Цæугæ уал ды, ныртæккæ дæ баййаф- дзынæн. Иу гыццыл ма ахъазон, хъыллипп кафт дзы æркæнон. С а г. Æгоммæгæс цæмæн фæдæ? Хивæнд ма у, хивæнд. Ды нæма зоныс дæхи хъахъхъæнын, æмæ дын тæрсгæ кæнын. Л æ п п ы н. Цы ис тæссагæй ам, бæстыл нæхи йеддæ- мæ цъиуызмæлæг куынæ ис. С а г. Цы фыдуаг дæ, цы хивæнд дæ... Сырдты бардуаг, дæ фæдзæхст æй кæнын. (Ацæуы.) Фæзындысты та заргæ, хъазгæ Г ы р ы м, Д ы р ы н æмæ Г о д о. Г о д о. Цæй, аздæхæм лагермæ. Афонмæ нæ агурынц. Сихорафон дæр та ссис... Ныр дыууæ боны... Г ы р ы м. Æцæг Годо куы дæ уый. Тæппуд! Ды махæн æмбалæн нæ бæззыс! Д ы р ы н. Нæ бæззы, нæ бæззы! Мах та дзы лæг ара- зæм. Г о д о. Сымах тæригъæд нæ зонут. Давын, марын уарзут. Уый хъазын æмæ худын нæу. Г ы р ы м. Ныхъхъус-ма у, дæ тъизынæй фæйнæрдæм лидзынц сырдæй, маргьæй. Д ы р ы н. Хъуызгæ цæуын дæр нæ зоны. Бæстæ сыбар- сыбур, гыбар-гыбур скæны. Г ы р ы м. Ацы хæлиудзых куынæ ’уыдаид, уæд афонмæ бур физонæг, цъыс-цъысгæнгæ, хæриккам. Г о д о. Ам тобæгонд у хъæд, цуан кæныны бар дзы нæй. Д ы р ы н. Цæй тобæгонд у? Чи дын загьта? Цы ’мбарыс ды?.. Стыр хъуыды мæ зондцжын сæрмæ ’рцыдис. Г ы р ы н. Дæуæй дæр иу зондцжын ныхас фехъус. Д ы р ы н. Сбæттæм Годойæн йæ къæхтæ æмæ йæ къух- тæ, тулдз бæласмæ йæ фидар бабæттæм æмæ йæ ам ныуу- адзæм. 16 Царды хос 241
Г о д о (фæтарст). Æрра фæдæ, куыд бæтгæ? Гырым, ма йæм хъус, æз ницыуал дзурдзынæн, æрмæст мæ уемæ уадзут. Г ы р ы м. Фæуæд афтæ, æрмæст хъыпп-сыпп дæр нал! Мæ фæдыл! (Хъуызгæ фæцæуынц). Д ы р ы н. С-с-с, уартæ ма кæс — хъыллиппæй кафы саджы лæппын. Саг фæрæтмæ æрцыд, цæв æй. Цæв æй рæвдз- дæр, мауал æм кæс! Г о д о. Фæлæуу-ма, ма фехс! Тæригъæд у. Цы дзæбæх у. Уадз æмæ хъаза. Г ы р ы м. Æрæмбæхсут, æз æм æввахсдæр бахъуызон... (Ацæуынц). Саджы лæппын фæзынд кафгæ. Л æ п п ы н. 0, цард куыд рæсугьд дæ! Мæ цинæн нæй кæрон. Уæнгрогæй та кафын. Æрдз дæр мæ зардмæ зары, мæ хъазтмæ хъазы. Тигьæй, хъуызгæ, æрбазынд Г ы р ы м, хиарæзт цыбыр топпæй ныхъхъавыд саджы лæппынмæ. Æн-а! Æн-а! Фервæзын мæ кæн! (Куы кæм амбæхсы, куы кæм. Лæппутæ йæ расур-басур кæнынц. Фæцыди топпы гæрах. Саджы лæппын ныхъхъæр кодта "Уæуу, уæуу, дæдæй!" Æрхауд. Йæ тæригъæдæй бæлæстæ æркъул кодтой сæ сæртæ.) Г ы р ы м. Ардæм! Ардæм! Æрфæлдæхтон сæрджын саг! Тагъддæр кард раскъæфут. Свджы лæппын фестад, къуылых-къуылых алыгъд. Фæстейæ йæ фехс- та Г ы р ы м. Æрбазгьордтой Д ы р ы н æмæ Г о д о. Д ы р ы н. Кæм ис, цы фæци саг? Г ы р ы м. Æрхауди, марды ’фсон скодта. Æз сымахмæ цалынмæ дзырдтон, уæдмæ фестад æмæ лидзынмæ фæци. Д ы р ы н. Ехх, цæй раздзог ис дæуæй. Дæ фындзы бы- нæй аирвæзти! Мах та сыдæй мæлæм!.. Г ы р ы м. Нæ, дард нæ аирвæздзæн. Кæд ыл дыккаг цæф нæ сæмбæлд, уæддæр фыццаг æхстæй мæлæтдзаг цæф у. Кæсут-ма йын йæ туджы пырхæнтæм. Г о д о. Мæгуыр йæ бон, кæд æм, мыййаг, йæ мад æнхъ- æлмæ кæсы. Йæ зæрдæ рисдзæн... 242
Д ы р ы н. Райдыдтай та?! Мæ маст дæуыл ныккалдзы- нæн ныртæккæ. Г о д о. Нæ, нæ, ницы дзурын. Уый афтæ, æнæуи... Г ы р ы м. Мæ фæдыл, ссарын æй хъæуы. Д ы р ы н. Йæхицæй æппæлыд — сарæзтон, дам, арсма- рæн хъримаг. Арс нæ, фæлæ бындзытæмарæн. Саджы лæппыны ма амар... Г ы р ы м. Æгьгъæд у хъарджытæн! Дæуæй мæхи тынг- дæр фæндыд. Мæ фæдыл тагъддæр, бамбæхсдзæни искуы. (Ацæуынц.) Музыкæ. Ног декораци, бæлæстæ. Д ы р ы н. Нæ, уымæн уæвæн нæй, уæд цъæл къалиутыл фембæлдаиккам искуы. Цом комрæбынмæ, уым ын æнæуæвгæ нæй. Г о д о. Мæнмæ гæсгæ хæрз дзæгъæлы нæ рæстæг са- фæм. Нæ зонæм, уым ис æви нæй, афтæмæй пыхсыты лæгæр- дæм. Æрбатахт х а л о н. X а л о н. Уæ фæндаг раст, дзæбæх лæппутæ. Г ы р ы м. Бузныг, сау халон. X а л о н. Кæцæй цæут, кæдæм цæут? Д ы р ы н. Æгæр цымыдис ма у. X а л о н. Тыхсут цæуылдæр. Кæд, зæгьын, уæ исты ’ххуыс хъæуы. Г о д о. Холыхормæ ’ххуысагур никуыма ничи бацыд. Дæ- хицæн агур хæдмæлтæ. Цу, тæхгæ. Мах демæ ницы ис ныхасаг. X а л о н. Хæрз дзæгьæлы мæ ’фхæрыс. Г ы р ы м. Дæ хуыздæр бадæн — мард бæхы сæр. X а л о н. Нæ, ма зæгъ, сахъ лæппу. Æз æрмæстдæр хæдмæлхор нæ дæн, ме уæны кæсын: чи цы хъуыды кæны, чи цы агуры, цы ’рцæудзæн, уыдон иууылдæр мæнæн зындгонд сты. Д ы р ы н. Æмæ кæд цы агурæм, уый дын зындгонд у, уæд ма нæ цы фæрсыс? X а л о н. Уæддæр та — уайдзæф. Æз, холы авд хохы фæ- стæ дæр куы уа, уæдцæр æй базонын мæхæдæг. Де ’ххуыс мæ 243
нæ хъæуы. Фæлæ сымах æнæмæнг хъæуы ме ’ххуыс. Цæй, уæ зæрдыл дарут — æнæ мæн не ссардзыстут Саджы лæппыны. Г ы р ы м. Кæс-ма, æцæг. Цæмæй йæ базыдтай? X а л о н. Æз уын куы загьтон, ме уæны кæсын. Г о д о. Æцæг куы кæсыс де уæны, хæдмæлхор. X а л о н. Куы мæм байхъусат, куы ацæуат мæ фæндыл, уæд... Г ы р ы м. Æрмæст фæсайдтай — уæ мыггаг уын ныцæгъ- ддзыстæм. X а л о н. Хæрын уын ард мæ сыгъдæг, ирд цæсгомæй. Уæ сайынæй цы пайда ис мæнæн? Д ы р ы н. Зæгь, зæгь. Дæ рæстдзинад бæрæг уыдзæн дæ дзырдæй. X а л о н. Хæстæг ран ис, фæлæ йæ фæндаг зын æмæ тæссаг у. Г ы р ы м. Цæмæй у зын, цы тæссаг дзы ис уагæр? X а л о н. Йæ фæндаг ахæм хæмпæл у, æмæ дзы лæг зынтæй абырдзæн. Тæссаг та у йæ хауæн былтæй. Хæрз æнцон дзы сæрсæфæнмæ асхъиуæнтæ ис. Д ы р ы н. Ахæмтæй мах нæ фæтæрсын кæндзынæ. Зæгъ-ма, кæцырдæм у нæ фæндаг? X а л о н. Уæдæ мæм хъусут, бадарут уæ зæрдыл. Цæут æмраст, бахæццæ уыдзыстут æрхмæ. Г ы р ы м. Æрхмæ ныххауди? X а л о н. Ныххизут æрхмæ, фæзилут рахизæрдæм. Уыдзæн дзы иу ран уæлбылмæ схизæн. Схизут. Г о д о. Цыдæр хæццæ фæндаг нын дзурыс. X а л о н. Уым галиуæрдæм азилдзыстут хъæды. Дын- джыр дурты рæдзæгьдтæ фендзыстут. Цæут-иу уыдоныл уæлæ- мæ. Фæуыдзæн хъæд, уæддæр цæут бæрзонддæр. Уым, хохрæ- бын ссардзыстут суадон. Цæуы уый хъармæй. Хæрзаддæр уымæй нуазыны дон нæй. Хуыссы йæ фарсмæ уæ амæттаг, нуазы дон. Д ы р ы н. Дæ дзырд æцæг куы рауайа, уæд дын стыр лæвæрттæ махæй. Кæннод дын сар дæ сæры кæны. Ссардзынæн дæ. (Ацыдысты Гырым, Дырын æмæ Годо.) X а л о н. Ха-ха-ха! Хъуа-хъуа-хъуа! Уæ лæвæрттæ дæр мæхи куы сты æмæ уæхæдæг дæр. Сæрсæфæны фæндагыл сæ 244
бафтыдтон. Ха-ха! Æнгом хъæд æмæ пыхс — абырæн дзы нæй. Зыд бирæгьты бал зилы уым дыууæрдæм — нæй сæ аирвæзæн. Уым, дардцæр та дынджыр сау калм. Мæгуыры бон сыл акæндзæ- ни уайтагъд. Кæнæ та хауæн былæй асхъиудзысты коммæ. Ных- хæррæгь уыдзысты. Сæ мард сын ничиуал ссардзæн. Мæнæн та уый бæрæгбон у. Æцæг мæ хонынц хæдмæлхор. Минас та кæн- дзынæн. Уæдмæ ныххæдмæл уыдзæн саджы лæппын. Уый дæр та мæн у. Мæ цинæн ма кæрон кæм ис. Холы, холы, ноджыдæр та холы... (Зары, кафы). Æрбацыд с а г. С а г. Дæ бон хорз, сау халон. Дæ цины сæр цæуыл у? X а л о н. Æгас цæуай, сæрджын саг. Æз та æнкъард кæд вæййын? С а г. Дæ маройæ адæм æгæр дæр ма фæлмæцынц. X а л о н. Дæ уынд мын æхсызгон вæййы. Кæй баввæр- сыдтæ мемæ дзурын, уый стыр кад у мæнæн. С а г. Мæ уындæй дын мæ мард фенын бирæ фылдæр ци- над радтид. X а л о н (фæрсырдæм). Бæргæ, Хуыцау дæ куы радтид холыйæн мæнæн. С а г. Цыдæртæ дзурыс, ницы дын æмбарын. X а л о н. Хуыцаумæ кувын, цæмæй дæ бахиза фыдбылы- зæй, мæлæтæй. С а г. Куы райгуырдаин æз дæ куывдæй, уæд дæ куывдæй акæнин мæлгæ дæр. Нæ мæ хъæуы дæ куывд —■ дæхицæн ма кæн зын. X а л о н. Цæмæн мæ ’фхæрыс? Æз дын æвзæрæй ницы кодтон, никæд. Алкæмæн дæр æххуыс кæнынмæ хъавын... С а г. Æз дæм æххуысмæ не ’нхъæлмæ кæсын. Æрмæст дæ курын: дзуапп мын радт мæ фарстæн, фæлывдæй нæ — æцæг дзуапп. X а л о н. Бæргæ дын истæмæн куы сбæззин, уæд амон- дджын рахонин мæхи. Цы мын зæгьай, цы бафæрсай — мæ уд дæр дын нæ бахæлæг кæндзынæн. С а г. Уæдæ мын зæгь — цæй холытæ, цы холытæ кæныс? Цы ран сты? Кæм амардысты? 245
X а л о н. Æргомдзырд дæн, мæсты мæм ма кæн: мæ рæ- стæг уæд дæуимæ дзæгьæлы нæ сафин. С а г. Кæд раст зæгъыс, уæд бузныг. Мæ зæрдæмæ та ху- ры цъыртт ныккасти. X а л о н. Хæрын дын ард мæ сыгъдæг, ирд цæсгомæй, дæ бæсты æз фæсайдзынæн æндæрты. Зæгьын дын æз æрмæст рæстдзинад. С а г. Цæуон уæдæ, мæ фæндаг дарон. Нæ мæ ’вдæлы — мæ уд æнцой нæ зоны. X а л о н (фæрсырдæм). Йæхи дæр ын æрбасайон, сæр- сæфæнмæ йæ арвитон. Мæ холытыл ма иу нард холы бафт- дзæн. С а г. Мæнимæ дзурыс? Нал дæм бадардтон мæ хъус, фæ- дæн мæ циныл. X а л о н. Мæ хорздзинад бæсты нæ цæуы. Æз раст фæн- дагыл кæй фæардауын, уый дæр иннæрдæм ныццæвы. С а г. Цæмæн зæгъыс? Куы байхъуыстон дæ ныхасмæ. Бузныг дын куы загьтон. X а л о н. Абон дæр ма иуæн дзурын, амонын ын æдас фæндаг, æдас ран, уый ныццавта иннæрдæм, фæраст. Æмæ дзы цы смарзта хорзæй? С а г. Чи уыд уыцы зыгъуыммæ зонды хицау? X а л о н. Иу цавæрдæр саджы лæппын, йæ къах уыд пырх, къуылых цыди. Йæ кæуынæй скъуыди зæрдæ. С а г. Æмæ цы фæци, кæцырдæм ацыд? X а л о н. Дæ хъæбул ма уа? С а г. 0, уый, æвæццæгæн, мæн у. Кæм уыдзæн ныр? Кæм ын и ссарæн. X а л о н. Цæугæ, цæугæ. Пыхсджын хъæд зоныс? Уым уыдзæн дæ хъæбул. С а г. Тæхон. Тæссаг ран у, фæлæ тæхын. Мæ хъæбул, мæ хъæбул. Цы кодтаид мæ хъæбул? (Ацыд). X а л о н. Хъуахъ. Мæнæ мæ хъуыддæгтæ цы хорз цæуынц. Ха-ха-ха! Хъуахъ-хъуахъ. Тæхгæ, тæхгæ. Фæйнæрдæм дæ бирæгъ- тæ куыд тондзысты, уый мæ цæстыл уайы. Мæн дæр та дзы фæ- уыдзæни мæ фаг. Холы, холы, ноджыдæр та холы. (Кафы). Æмбæрзæн. 246
ЦЫППÆРÆМ НЫВ Ног бынат хъæды. Æрбацæуынц Г ы р ы м, Д ы р ы н æмæ Г о д о. Д ы р ы н. Ахæм ма дзы хъаймæты ран уа. Дзедыртыл ны- скъуыдтæ ис нæ дарæс, буар сау пысырайæ стæппæлттæ æмæ ДУДЫ. Г ы р ы м. Цы гæнæн ис, бырсын хъæуы размæ. Г о д о. Нырма æрхмæ дæр нæ бахæццæ стæм. Æрбайхъуыст бирæгъты ниуын. Зыд бирæгьтæ æрбацæуынц кæцæйдæр. Д ы р ы н. Хæрдзысты нæ. Цы чындæуа? Г ы р ы м. Бæрзонд бæласæн сбырæм тагъд йæ цъупмæ. Бæласмæ бырын бирæгьы бон нæу. Куы бырой, уæддæр иугай. Хъилтæй сæ æппардзыстæм фæстæмæ. Г о д о. Уый раст у. Не сбырдзысты махмæ, фæлæ нæм лæбурдзысты, нæ комдзысты цæуын нæ цурæй. Г ы р ы м. Æмæ лæбурæнт, махæн дзы цы тас у? Хæстæгдæрæй бирæгьты ниуын хъуысы. Д ы р ы н. Æрбацæуынц, хæрдзысты нæ. Цы кæнæм? Тагъддæр. Æрхæццæ кæны не сæфт. Г о д о. Тагьдцæр арт скæнæм, стыр арт. Г ы р ы м. Цы пайда ма ис артæй? Бæласмæ сбырæм. Г о д о. Бирæгъ артæй дардмæ лидзы, йе сæфт дзы уыны. Д ы р ы н. Цæсты фæныкъуылдмæ цырен арт ссудзæм ам, йæ фæздæг арвы цæст куыд къаха. Г о д о. Транзистор дæр нæм уыд, бæргæ... Г ы р ы м. Ды худæг дæ, Годо. Ома, мæлгæ, уæд музы- кæимæ. Г о д о. Нæ, мæлыны кой мæм нæй. Кæд нæй, уæд та хъæрæй ныззарæм. Д ы р ы н. Нæ йæ ныууагътон, рахастон æй мемæ. Г о д о. Тынг хъæрæй йæ сараз. Цыфæнды уæд, æрмæст æй тынг хъæрæй сараз. (Скодтой арт. Тынг хъæрæй сарæзтой транзистор.) Бирæгъ арт æмæ фæздæгæй тæрсы. Хъæр, хъæлæ- ба дæр нæ уарзы. 247
Г ы р ы м. Æцæг, æцæг. Нæ сыхаг иу хабар дзырдта: би- рæгъ, дам, афтæ загъта, æз, дам, куыдзæй æппындæр ницæмæй тæрсын, фæлæ, дам, мын йæ рæйын мæ тъæнгтæ ацæгьды. Г о д о. Уый раст у. Кæсыс, сæ кой, сæ хъæстæ нал ис, лидзæг фесты. Д ы р ы н. Бузныг, Годо, фервæзын нæ кодтай. Г о д о. Мæнмæ гæсгæ тæссаг уавæр фæхицæн. Арт ахуыссын кæнæм, кæннод хъæд ссудздзæн, бабын уыдзæн æрдз. Г ы р ы м. Нæхицæн дæр дзы алидзæн нæ уыдзæн: æдæрсгæ дзы цæуын нæ бон куынæ у. (Хуыссын кæнынц арт.) Г о д о. Ныр цалдæр азы ам кæрдæг нал æрзайдзæн. Ар- ты бынат сауæй баззайы, æдзардæй. Д ы р ы н. Цæуылты мын мæт кæныс, Годо. Уæдæ нæ хъуамæ бирæгътæ бахордтаиккой. Кæрдæг бахъахъхъæн, дæхи уд радт мæлæтмæ — уый куыд раст у? Г о д о. Бæргæ, сæ асурынæн æндæр мадзал куы уаид, уæд сау бынат нæ баззадаид нæ фæстæ. Г ы р ы м. Сæ амонд у æмæ мæ топп æрбайрох. Æз сæ ныццагътаин бæргæ. Г о д о. Тæригъæд сты. Уадз æмæ цæрой. Д ы р ы н. Уыдон дæр махæн фæтæригьæд кодтаиккой æмæ нæ ахордтаиккой. Г о д о. Æрдз цы сфæлдыста, уыдон иууылдæр хъæугæ кæнынц. Г ы р ы м. Бахæццæ та дæ дæ ахуыргонд ныхæстæм, цом, кæннод ныл баизæр уыдзæн, æрдзы сусæгдзинæдтæ ахуыр- гæнгæйæ. Г о д о. Дуне дзаг чырынæй уæлдай нæу, фæлæ дзы цы ’вæрд ис, цы сусæгдзинæдтæ йæм ис, уыдон нырма бæрæг нæ- ма сты. Г ы р ы м. Цом, цом. Алцæмæн дæр ис рæстæг æмæ бы- нат. Мæ фæдыл! Д ы р ы н. Гырым, базон-базон, уый та циу: цæуы-цæуы æмæ никуыдæм хæццæ кæны? Г ы р ы м. Дæумæ гæсгæ мах дæр, авдæнау, нæ мидбы- наты цоппай кæнæм? 248
Д ы р ы н. Ныддаргъ ис нæ фæндаг, уæддæр йæ кæрон. нæ зыны. Г о д о. Фæндаг фæцыбырдæр кæнынæн иу хос зонын. Д ы р ы н. Уæдæ ма йæм цæмæ кæсыс? Зæгъ-ма йæ тагъддæр. Г о д о. Кæрæдзи истæмæйты фæрсæм æмæ сын дзуапп дæттæм. Уæд нæм нæ фæндаг даргь нæ кæсдзæн. Г ы р ы м. Кæд афтæ у, уæд райдай. Г о д о. Зæгъут-ма уæдæ: хъæды хæрынæнбæзгæ цы дыргъ, цы зайæгойтæ зонут? Д ы р ы н. Уыдон бирæ сты, чи сæ фæуыдзæн нымад. Г о д о. Афæлварæм: дзурдзыстæм дзы цыппаргæйттæй, кæддæра дзы чи фылдæр банымаид. Г ы р ы м. Мырткæ, кæркмисындзæг, давон, мугæ. Д ы р ы н. Цым, æхсæр, кæрдо, фæткъуы. Г о д о. Дзедыр, мæнæргъы, уагъылы, кæрог. Г ы р ы м. Æнгуз, æхсынцъы, сæнк, цъуй. Г о д о. Тæрс, гæнгæлы, къозо, саунæмыг. Д ы р ы н. Хъыцъы... мæнтæг... Дарддæр сæ нал зонын. Г ы р ы м. Æз дæр дзы ницыуал хъуыды кæнын. Г о д о. Уизза, пысыра, хуычъы, хъоло, мæцкъуы, сыхсы æмæ бирæ, бирæ æндæр ахæмтæ. Уыдон адæмæн хъæды лæ- вæрттæ, хъæды хуынтæ сты. Д ы р ы н. Амбылдтай нæ. Г о д о. Уæдæ-ма ранымай, цавæр кæрдæджытæ ис, хос- тæ цæмæй аразынц, ахæмтæ? Г ы р ы м. Ныууадз нæ, цæй, исты дын афтечы нæ кусæм. Г о д о. Нæ сæ зоныс æмæ йыл басæтт. Зонын та сæ æнæ- мæнг хъæуы. Альбом сараз æмæ сæ æмбырд кæнын райдай: алкæ- уыл-дæр дзы фысдзынæ, цы хуыйны æмæ цы низтæ дзæбæх кæны. Г ы р ы м. Ницæмæн мæ хъæуынц, æз дохтыр нæ уыдзы- нæн. Мæнæн мæ бæллиц у дæсны хъæбысæйхæцæг суæвын. Г о д о. Æрдзæн йæ хъæбултæ, йæ хиуæттæ мах стæм. Мах рæвдауы, мах дары æмæ йыл хъуамæ аудгæ дæр мах кæ- нæм: не ’ппæт дæр иумæ. Нæ иумæйаг хæзна у. Иу бæлас ракал- дтай — фондз бæласы ныссадз. Г ы р ы м. Кæй хъæуы, уый садзæд, мах не ’вдæлы. 249
Г о д о. Ныффыссæм стыр, рæсугьд плакаттæ: "Дæхимæ кæс! Хъавгæ цу! Æрдз!" "Хъахъхъæнут æрдз!" Ныссадзæм сæ го- рæтты, хъæуты, ам хъæды, алы рæтты. Д ы р ы н. Ныццавтай та иннæрдæм! Æрдз плакаттæй бахъахъхъæнынмæ хъавыс? Ма йын тæрс, уый æнусты дæргьы цард, цæры æмæ цæрдзæни. Де ’ххуыс æй нæ хъæуы, бузныг, дæ сæр ма риссын кæн. Г о д о. Æрдзæн ис æрыгон хæлæрттæ, уыдон ын баххуыс кæндзысты. Г ы р ы м. Æмæ цы у уæ бон, æрдзы хæлæрттæ. Г о д о. Æрдз рæсугъддæр, хъæздыгдæр кæнын у нæ бон. Æрдз халджытæ, æрдзы знæгтимæ тох кæнын у нæ бон. Д ы р ы н. Цæуæм дарддæр, дзурыныл фестæм. Г о д о. Ныффæлладтæн, мæ бон слæууын нал у. Д ы р ы н. Фæраз, кæд дæ нæ фæнды ам баззайын, уæд. Г о д о. Ех, цæй æдылы уыдтæн, цæй æдылы. Нæхимæ-иу мын лæгъстæ кодтой: "ахæр, ахæр, мæ къона, ахæр", æз-иу нæ хордтон... Д ы р ы н. Адджын хæринæгтыл-иу ауыгътай дæ къух: "Уый мæ нæ хъæуы, уый дæр мæ нæ хъæуы". Д ы р ы н. Мæ зондджын сæрмæ та иу хорз хъуыды æр- цыди. Г ы р ы м. Бæласмæ та йæ бæттын кæндзынæ. Д ы р ы н. Нæ... Саджы лæппынæн мад, фыд хъуамæ ма уыдаид? Г ы р ы м. Уæдæ дуры хуылфæй дæр куыд хъуамæ рай- гуырдаид. Д ы р ы н. Уыдон хъуамæ тынг дард ма уой. Æрцагурæм сæ, иу дзы уæддæр бафтдзæн нæ къухы. Г ы р ы м. Дырын, дæ фæндон раст у. Сæ иуы уал æр- фæлдахдзыстæм абон. Иннæ дæр нæхи уыдзæн рæхджы. Д ы р ы н. Фæстиат нал. Дæ сармадзаны ивтыгъд дар. Къахмæ та-иу ма ныхъав... фыдæнхъæл та нæ ма фæкæн. Г ы р ы м. Æгæртæ дзурыс! Дæхи дарын куы нæ зонай, уæд дын... Д ы р ы н. Хорз, хорз. Цы смæсты дæ? Цы дын загьтон æвзæрæй? Ныххатыр кæн, кæд исты... 250
Г ы р ы м. Фæстаг хатт ма дын уæд хатыр. Цæ-' уæм. /Ембæрзæн. ФÆНДЗÆМ НЫВ Хъæд. Бæлæстæй лæгæтгонд. Саджы л æ п п ы н. Л æ п п ы н. Мæ мады ма куы федтаин, тæхуды. (Кæуы.) Мæ уд куы схауы, дойныйæ куы мæлын. Æрбацыд х а л о н. X а л о н. Нæма ныххæдмæл, фæлæ йæ бирæ нал хъæуы. Зæрдæдзæф æй фæкæндзынæн ныртæккæ. (Æргомæй.) Дæ бон хорз. Æви ныр бон изæрырдæм фæкъул ис. Л æ п п ы н. Куынæ дæм уыд хонджытæ æрвыст, цæмæ ’ртахтæ, цы дæ хъæуы, цы сайыс? X а л о н. Уæууа, уый цавæр æнæуаг у дæ дзырд. Рын- чынфæрсæг æрбауадтæн. Ды та?.. Л æ п п ы н. Нæ хъæуы мæн рынчынфарст, дæ салам! Тæхгæ ныртæккæ, кæннод дын дæ сæрæн ахæм хафт фæкæндзы- нæн æмæ дæ мард зыгуымы пырх куыд ныууа. X а л о н. Тæхын, тæхын, æрсабыр у. Цыдæр æрра куы дæ. Æз та, æцæг æдылы, æнæсæр, хабархæссæг дæм тагъд кодтон... Цыфæнды дæр кæн, тæхын. Фæсмон фæкæндзынæ, уый зонын. Л æ п п ы н. Нæ мæ хъæуы дæ хабар. Тагъддæр фесæф дын куы загътон! X а л о н. Дæумæ уый цы бар дары, фæлæ дын æй уæд- дæр зæгъон. Хъæды тары бирæгьтæ æрцахстой иу саджы æмæ дæ фыдгул афтæ... Л æ п п ы н (ныккуыдта). Уый мæ мад уыди, æвæццæ- гæн, мæ ныййарæг, мæ гыцци. Æууæнк дыл нæй, кæд сайгæ кæ- ныс. Нæ уыдзæн уый, мæнгард, гæды дзурыс. Цæрæнбонты ды мастхæссæг дæ, фесæф, цъаммар, тагьд. (Цæвынмæ хъавы хало- ны, фæлæ уый атахт.) Æмбæрзæн. 251
ÆХСÆЗÆМ НЫВ Хъæд. Æрбацæуынц Г ы р ы м, Д ы р ы н æмæ Г о д о. Сæ къухты стыр лæдзджытæ. Д ы р ы н. Чысыл та аулæфæм. Г о д о. Ахæм ма æнæзылд хъæд уыдзæни. Хъæдмæзил- джыты къорд саразæм. Г ы р ы м. Уыдон хъæдгæрæтты фæкусынц, бæлæстæ дзы фæсадзынц, цъиутæн ахстæттæ æвæрынц... Ардæм сæ уæн- дгæ дæр ничи æрбакæндзæн. Г о д о. Ам стыр пайда уаид сæ куыст. Д ы р ы н. Кæд дзæбæхæй аирвæзæм, уæд сын мах ар- дæм бацамондзыстæм фæндаг. Г о д о. Хус къалиутæй байдзаг зæхх, хъæмпы бын фесты, хилæг кæрдæг бæлæстыл стыхст. Калм дæр нæ абырдзæн сæ бынты. Г ы р ы м. Нæ сыхаг лæг афтæ фæдзуры, куыдзы кой, дам, скодтай, уæд лæдзæг райс дæ къухмæ. Уæхи дзы хъахъхъæ- нут, нæ размæ уæртæ стыр сау калм хуыссы, махырдæм кæсы. Д ы р ы н. Хынджылæг ма кæн. Авд дæлзæхх йæ кой. Уый хъуаг ма стæм ныртæккæ, калмæй тынгдæр ницæмæй тæрсын. Г ы р ы м. Нæ хъазын, нæ. Кæс-ма, æрбабыры нæ размæ. Г о д о. Мæ удхæссæг уынын æз калмæй. Фæлæ йæ иугæр федтон, уæд мæнæй нæ аирвæздзæн. Г ы р ы м. Уæд та йæ топпæй фехсиккам? Д ы р ы н. Цытæ дзурыс?! Куынæ фæмард уа, уæд нæ ба- хæрдзæн. Лидзæм. (Гырым æмæ Дырын сæхи фæстæмæ ласынц, калмы размæ ралæууыд Годо.) К а л м (æрбабырыд). Цы уæ хъæуы? Цæмæн стут ам мæ зæххыл? (Æхситгæнгæ йæхи бæрзонд систа.) Г о д о. Цæуæм нæ фæндагыл. Нæ дæ хъыгдарæм. К а л м. Мæ сæрты цъиу тæхын нæ уæнды, — сымах куыд бахастат уæ ныфс? Г ы р ы м. Фæндаг нын халон бацамыдта ардæм. К а л м. Уæ фæндаг дæр фæци, уæхи кæрон æрбахæццæ. Хæрзбон зæгьут уæ цардæн. Г о д о. Нæ, залиаг калм, де ’хситтæй нæ ма тæрсын кæн. Тæппудтæй не стæм. 252
К а л м. Уæдæ йæ зонут: мæ цæф у хъамайы цæфæй рис: сагдæр, мæ хæст та у мæлæтдзаг — маргджын. Г о д о. 0, зонæм æй, дæ цæф у марг, дæ хæрв та — хос. Сусæгæй хæцыс. Дæ сæрæй дæр дæ уымæн мардæуы. К а л м. Æгæр ныфсджын нæ дæ? Фæлæ дын æз ныхгæн- дзынæн дæ дзых. Г ы р ы м. Ныууадзæм цæй нæ хъаугъа. Кæрæдзи ма ’фхæрæм. Фæлтау нæ алчидæр йæ фæндагыл цæуæд æнцад-æн- цойæ. К а л м. Нæ, ардыгæй уын аирвæзæн нал ис. (Йæхи ныц- цавта лæппугыл. Уыдон æй лæдзджытæй аппæрстой фæстæмæ. Гырым æмæ Дырын алыгъдысты, нал уæндынц æввахс цæуын калммæ.) Г о д о. Уæдæ фæкæс дæхимæ, æлгъаг! Æз дын ныртæк- кæ де ’взаг стонон. (Хыл бацайдагъ, фæхицæн та сты.) К а л м. Мæ маргæй уал фæхъæстæ у, стæй дæ уæд ных- хурх кæндзынæн. Г о д о. Фæбаддзæни дæ цъаммар фæнд дæ хъуыры! (Калм йæхи ныццæвы Годойыл, уый йæ лæдзæгæй æркъуыры. Фæстагмæ йæ тыхджын цæфтæ фæкодта æмæ йын лæдзæгæй йæ сæр нылхъывта зæхмæ.) Нæ тох фæци, дæ чъизи цардæн зæгь хæрзбон. Дæ марг дын нал баххуыс уыдзæн. К а л м. Фæтых мыл дæ. Æрмæст дæ курын — ма мæ амар. Г о д о. Раппар де ’взаг! Рæвдз! Кæмæ дзурын? Ныммар- дзынæн дæ кæннод! (Æндæр къæцæлæй йын ратыдта йе ’взаг. Суагьта йæ. Калм абырыд.) Æрбацыдысты Г ы р ы м æмæ Д ы р ы н. Д ы р ы н. Годо, уый диссаджы лæг куы дæ... Фервæзын нæ кодтай. Арфæ дын кæнын. Г ы р ы м. Цæмæн æй ауагьтай? Хæлиудзых. Уæд та ныл сусæгæй фæхæцыд? Уый циу? (Нæмы Годойы. Дырын сæ иргьæ- вы.) Г о д о. Мæсты мæм ма кæн, бамбар мæ фæлтау. Абон хилджыты цагъд фæуыдзыстæм, райсом — сырдты, иннæбон — 253
мæргъты, уый фæстæ æппæт цæрæгойты. Адæймаг баззайдзæн зыбыты иунæгæй. Уый знаггаддзинад у, бамбар. Г ы р ы м. Маргджын калмы удæгасæй ауадз. Д ы р ы н. Хорз, хорз. Ныртæккæ нæ не ’вдæлы. Ссарæм уал, цы агурæм, уый. Г ы р ы м. Цыма нæ бирæ нал хъæуы цæуын. Скæс-ма, Дырын, дæ Саг æцæг фæзынд. Фæтагъд кæнæм, мæ фæдыл. (Ацæуынц.) Æрбацыд с а г. С а г. Цы фæци, кæм ис мæ хъæбул? Сау халон мæ баф- тыдта фыдвæдыл. Бирæгьты амæттаг кодтон... (Тыхсы, йæ мид- бынат нæ лæууы.) Цы кæнон ныр? Кæм ма йæ агурон, нæ зонын. Уæддæр цæуон, зилон, агурон, цалынмæ мæ мæ къæхтæ хæссой, уæдмæ! (Ацыд.) Æрбацыдысты Г ы р ы м, Д ы р ы н æмæ Г о д о. Г ы р ы м. Мæнмæ гæсгæ ардæм æрбацыд. Д ы р ы н. Цыдæр хинæйдзаг у: йæ фæд куы фæзыны, куы ’рбайсæфы. Г о д о. Уый æфсæст, æвæллад у: мах æххормаг, фæллад, нæ бон цæуын нал у. Куыд æй баййафдзыстæм, нæ зонын. Г ы р ы м. Уæддæр йæ фæдыл зилæм, кæд искуы æрлæ- ууид. Йæ тæккæ ныхмæ йын ныхъхъавдзынæн, бæргæ. Д ы р ы н. Тагъд ма бакæн. Дзæбæх-иу хъав. Г о д о. Уæдмæ бон дæр махмæ кæм кæсдзæн. Тагъд ба- изæр уыдзæн. Мæ бон та нал у, абадæм ма иу цъус. Г ы р ы м. Бадгæ нæ, цæуын хъæуы. Кæннод аирвæз- дзæн саг. Æмбæрзæн. ÆВДÆМ НЫВ Г ы р ы м, Д ы р ы н æмæ Г о д о бынтон фæллад, æнæ- бонæй. . Г о д о. Мæ къæхтæ нал кæсынц мæ коммæ. 254
Д ы р ы н. Мæ хъару басаст... Дойныйæ мæлын. » Г ы р ы м. Мыййаг нæ кæд фæсайдта уыцы тугдзых хæд- мæлхор? Цы чындæуа? Г о д о. Кæсут-ма, уæртæ — диссаджы рæсугьд суадон нæ разы. Д ы р ы н. Кæм и, кæм и? Г о д о. Æгъгъæд фæуæд. Æвиппайды æгæр нуазын нæ бæззы. Д ы р ы н (арф ныуулæфыд). Æнæ Годо цы кодтаиккам, нæ зонын. Фервæзын та нæ кодтай. Бузныг дын зæгъын. Г о д о. Цы хæрзад у, цы адджын у. Гыццыл ма уазалдæр куы уаид. Куыд хъармæй цæуы? Г ы р ы м. Кæсут-ма мæнæ, саджы фæдтæ. Дон нуазын- мæ æрбацыд ардæм. Д ы р ы н. Уæдæ уый дард нæ уыдзæн. Г ы р ы м. Рæвдздæр ут, мæ фæдыл. (Ацыдысты.) Æрбацыд Сэджы л æ п п ы н къуылых-къуылых. Л æ п п ы н. Мæ дойны нал сæтты æппындæр. (Нуазы суадоны дон.) Кæм уа уæдæ мæ мад. Кæм æй ссарон уæдæ ныр. Куы мæлын ам мæ къахæй. (Кæуы.) Æрбацыд Г о д о. Л æ п п ы н æй нæ уыны, Г о д о йæм кæ- сы тæригьæдгæнгæ, рæвдаугæ цæстæнгасæй. Г о д о. Цæй диссаджы рæсугьд æмæ дзæбæх дæ. Фæ- хæссæд дын дæ тæригьæд Гырым. Л æ п п ы н (фæтарст, фæлидзы). Ныууадзут мæ, цы уын кодтон... Г о д о. Кæдæм цæуыс? Уыцырдæм дын нæй цæуæн. Гуы- рымыхъыл фæуыдзынæ хæрхæмбæлд. Л æ п п ы н (цæуы). Цы ма кæнон, кæцырдæм ма фæ- лидзон? Г о д о. Мæнæ иннæрдæм цæугæ. Æрмæст фæтагъд кæн, æз уал сæ бауромон ам. (Ацыд Лæппын.) Æрбацыдысты Г ы р ы м æмæ Д ы р ы н. Г ы р ы м. Цы фæци нæ кусæрттаг? Ныхæстæ кодтай йемæ. 255
Г о д о. Нæ федтон. Ам куынæ уыд. Д ы р ы н. Ныр куыд сайыс? Æз уæ мæхæдæг федтон æмæ хæрзæггурæггаг азгъордтон Гырыммæ. Г ы р ы м. Цы йæ фæкодтай? Дзур! Цы фæци! Г о д о. Нæ зонын, ницы федтон æз. Ныууадзут æй. Тæ- ригъæд у. Д ы р ы н. Кæцырдæм ацыд? Тагъддæр дзур. Г о д о. Нæ йæ зæгъдзынæн. Агуры йæ мады. Г ы р ы м. Цы, дам? Куыд загътай?! Г о д о. Цыфæнды мын кæнут, нæ йæ зæгьдзынæн. Тæ- ригьæд у, йæ туг фæцыд, йæ мады агуры, кæуы. Д ы р ы н. Мæ бон æм нал у хъусын. Фыдæнхъæл нæ фæ- кодта. Нал æм уромын мæхи. Г ы р ы м. Зæгьдзынæ йæ ныртæккæ, ницæйаг, хæли- удзых. (Гырым æмæ Дырын нæмынц Годойы.) Д ы р ы у\. Зæгъдзынæ, æви нæ? Зæгь æй! Г о д о (кæугæ). Ницы уын зæгъдзынæн... (Ногæй та йыл> ралæууыдысты. Годо хуысгæйæ баззад, кæуы.) Г ы р ы м. Цом ныр, Дырын, нæхæдæг æй ссардзыстæм ныртæккæ. (Ацыдысты.) Æрбацыд Л æ п п ы н. Л æ п п ы н. Цы сын кодтай ды та, цæуылдее мардтой? Г о д о. Дæ къах куыд у? Æри-ма, бабæттон дын æй. Уæд дын тагъддæр адзæбæх уыдзæн. Л æ п п ы н. Цы фесты ныр? Дæу ам ныууагьтой? Тынг дæ фæнадтой? , Г о д о. Кæугæ ма кæн. Ма тæрс. Лæппу афтæмæй фи- дардæр кæны. Куыд у дæ цæф? Тынг ма риссы!? (Сæрфтытæ йæ кæны.) Л æ п п ы н. Мæ уд дзы схауы. Фыртæсæй цы фæуон, уый нæ зонын. Г о д о. Адзæбæх уыдзынæ. Тызмæг дæр ма дæм исчи сдзурæд. Дæ маст дын райсдзынæн æнæмæнг. Æрбазындысты тигъæй Г ы р ы м æмæ Д ы р ы н. Л æ п - п ы н æмæ сæ Г о д о нæ уынынц. Г ы р ы м ныхъхъавыд лæппын- мæ. Ауыдта Г ы р ы м ы Г о д о. Ныхъæр кодта: "Ма фехс! Ма фехс!" 256
æмæ йæхицæй амбæрзта Л æ п п ы н ы. Уыцы рæстæг фæцыди топпы гæрах æмæ Г о д о æрхауд, ныхъхъæр кодта: "Æллæх, амардтой мæ!" ’ Г ы р ы м æмæ Д ы р ы н фæтарстысты. Д ы р ы н. Цы бакуыстай? Æрра фæдæ? Дæ зонд фæ- цыд? Гы’рым. Годо! Годо! Цы кодтай? Кæм фæцæф дæ? Мæ аххос дын нæ уыд. Дæхи аххос уыд. Г о д о. Æввахс мæм ма цæут, хъæдцаг сырдтæ куы стут сымах. Г ы р ы м. Ныххатыр кæн, ныббар мын, афтæ мæ нæ фæндыд. Д ы р ы н. Уыдон иууылдæр Лæппыны аххос сты. Куыдзы мард æй ныккæндзынæн ныртæккæ. Г о д о. Æвналгæ дæр ма йæм бакæн... Фæлтау уал раз- дæр амар мæн. Г ы р ы м. Цытæ дзурыс? Ма йын тæрс. Тызмæг дзырд цæр æм ничи скæндзæн. Г о д о. Æнæхъыг, æнæмаст цæрæг... Рæсугъддæр ма цы уа саджы лæппынæй. Дæ къух æм куыд систай... маргæ нæ, рæв- дауын сæ куы хъæуы. Д ы р ы н. Хорз, хорз. Рæвдаудзыстæм сæ мах дæр. Дæ цæф куыд у? Г о д о. Хъæды фидауц саг у... сымах та... Æрбацыд с а г. Л æ п п ы н (ауыдта йæ мады). Æна-а! (Йæхи йæм ивазы.) С а г (тæрсы, фæлæ йæ Лæппынмæ цæуы). Мæ хъæбул! Удæгас куы дæ, мæ хъæбул! Цы мын фæдæ, цы кодтай? Цæуын- нæ байхъуыстай дæ мадмæ? (Узæлы йыл.) Д ы р ы н. Уæртæ ис нæ Саг, Гырым, цæв æй, хæстæг у. Г ы р ы м. Ныр æй мæхи бар уадз. (Фæлæбурдта топмæ, Саджы лæппын ныцъцъæхахст кодта.) Л æ п п ы н. Ма фехсут, мæ мад у! Г о д о (стыдта Гырымы къухæй топп, фæлæ хъæдмæ дзæгьæл гæрах фæцыд). Æз дын дæхи ныхыл ныццæвин топп бæргæ. (Ныссабыр сты иууылдæр. Кæсынц Саг æмæ йæ Лæп- пынмæ.) 17 Царды хос 257
С а г. Дæ къах цы кодта? Исчи дын æй ныццавта? Л æ п п ы н. Ницы... Хъазгæйæ фæкалдтæн æмæ мын асаст. (Гырым æмæ Дырын кæрæдзимæ бакастысты, сæ сæртæ æруагьтой. Бакастис сæм Годо дæр). Фервæзын мæ кодтой мæ- лæтæй. С а г (лæппутæн се ’ппæтæн). Уæ ныййарджытæ бафсæ- дæнт уæ хурæй, мады зæрдæ чи нæ бауагъта риссын. Л æ п п ы н. Мæн тыххæй цас федтой фыдæбон. Æнæдо- нæй сцæйхауди мæ уд — ссардтой мын ацы суадон дæр. (Фырци- нæй скуыдта.) С а г. Мæ сæр уæ нывонд. Байрæзут дзæбæхæй. Æз та уæ марджытæ æнхъæлдтон. Цæмæй зыдтон, нæ ирвæзынгæнджытæ стут! Л æ п п ы н. Кæрæдзи ма сæ фæрцы федтам. Мæхи ’фсымæртау сæ бауарзтон. Уæлдайдæр та Годойы. С а г. Æз та цыдæр æвзæр хъуыдытæ кодтон, мæ фæдыл æртæйæ куы бафтыдысты, уæд. Цæмæй зыдтон, дæ ирвæзын- гæнджытæ мæнмæ дæуæй хабархæссæг кæй цæуынц. (Гырым æмæ Дырын фырæфсæрмæй цы фæуой, уый нал зонынц. Гырым Годойы къухæй раскъæфта йæ хиаразгæ топп æмæ йæ дурыл дыууæ дихы фæкодта.) Д ы р ы н. Цæуын афон у махæн. С а г. Цæут, цæут. Изæр у ныр. Æнхъæлмæ уæм кæсдзысты. Г о д о. Дæумæ нæм иу курдиат ис. С а г. Мæ уд дæр уын нæ бахæлæг кæндзынæн. Г о д о. Нæ хæлары, дæ хъæбулы нын немæ рауадз. С а г. Æрмæст уый нæ, нæй уый гæнæн, æндæр цыдæрид- дæр зæгьат — разы уыдзынæн. Г о д о. Рынчын у не ’рдхорд. Цæуын йæ бон нæма у. Йæ хъæдгоммæ йын зилын хъæуы ’рвылбон. С а г. Нæ, нæ, мæ хуртæ. Уæ хорздзинадæй бузныг, фæ- лæ мæ уый дзæгъæлы домут. Куыд ауадзон мæ хъæбулы мæ цу- рæй? Æз мад дæн... Г о д о. Ам, хъæды хостæ нæй, æнæзылдæй скæлм уыдзæн йæ хъæдгом. С а г. Мæхæдæг æй дзæбæх кæндзынæн. Г о д о. Цæмæй, цы дæм ис хосæй? Æгæрмæгуыр дæм бинт дæр нæй. 258
С а г. Ацы суадон хуымæтæджы дон нæу — æвдадзы хос у. Лæджы къах ам нæма уыди æнусты, ничи йæ зыдта. Нуаз, дæхи’ дзы най æмæ цыфæнды низ дæр уæд цыбыр рæстæгмæ фесæфы бынтондæр. Г о д о. Ахæссæм дзы немæ, цæмæй йæ феной ахуыр- гæндтæ æмæ дзы æрцæуа арæзт адæмæн стыр галуантæ — дзæ- бæхгæнæн бынæттæ. С а г. Арфæйаг уыдзыстут. Д ы р ы н. Æмбарæм дæ. Æууæндгæ ныл нæ кæныс. Фæ- лæ йын ам ныууадзæн нæй. С а г. Цæуыннæ? Тыхми кæнынмæ хъавут? Г о д о. Дæ зæрдæ дын нæ риссын кæнын, фæлæ йæ къа- хыл æппындæр нæ лæууы, нæу йæ бон цæуын, лидзын... Бирæгь- тæ йæ бахæрдзысты ам. Д ы р ы н. Куы йæ сдзæбæх кæнæм, уæд æй сæрæгасæй æрбахæццæ кæндзыстæм. Г ы р ы м. Уе ’ппæтæй дæр курын: мæ бар ма йæ бакæ- нут. Æз æй мæхæдæг адзæбæх кæндзынæн. Мæхи удæй йæ уар- здзынæн фылдæр. С а г. Мæ зæрдæ мын уæ ныхæстæй фæсастат. Уæддæр уыл не ’ууæндын. Зын мын у... Г ы р ы м. Баууæнд ныл. Хæрæм дын ард, кæй уыдзæни дзæбæх, рæвдыд æмæ æнæмаст. (Дырынмæ, Годомæ.) Разы стут? Ард хæрæм? (Æртæйæ дæр иумæ). Г ы р ы м. Д ы р ы н. Ард хæрæм! Г о д о. Г о д о. Баууæнд ныл. Иугæр дзырд радтам, ард бахорд- там, уæд нæ фæсайдзыстæм, фæлтау нæхæдæг амæлдзыстæм раздæр. С а г. Цы ма зæгъон, мæ хъæбул. Раст зæгъынц, ам баз- зайын тæссаг у... Фæндараст ут! (Йæ хъæбулыл узæлы.) Æнхъæл- мæ дæм кæсдзынæн. Л æ п п ы н. Хæрзбон, мæ зынаргь мад. Тæрсгæ мын ма кæн. Тагъд рæстæджы дæм зындзынæн. С а г. Фæндараст. Ныххæццæ ут дзæбæхæй. 259
Л æ п п у т æ (иууылдæр иумæ). Хорзæй баззай, ма ’хсайæд дæ зæрдæ! (Заргæ фæцæуынц. Гырым æфсæрмхуызæй æрбахъæбыс кодта саджы лæппыны, куры дзы хатыртæ.) Дуне мах у, Цард дæр — мах. Ныр лæгтæ стæм, хъомылтæ. Хыл нæ кæнæм, Нал — гæрах. Ма нæ хонут лодыртæ. Хорз у лагерь. Ахуыр, цин. Уыдонæй хуыздæр цы ис? Хъæдмæ ма лидз, Ма мар цъиу. Æрдзы хорз ды хъахъхъæныс. Кæрон.
САУ ХОХÆЙ УРС ДУР НÆ ТУЛЫ Дыууæархайдон, фондзнывон пьесæ-аргъау АРХАЙДЖЫТÆ: Г о д о Г ы р ы м Д ы р ы н Е г о р С æ г а — ногдзаутæ. А г к о — Сæгайы фыд. А р с е н — Егоры фыды фыд. Сергей Петрович — ногдзауты лагеры хицау. С а г С и о н — Саджы лæппын. ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Ногдзауты лагерь. Хъуысы музыкæ. Е г о р æмæ С æ г а хъазынц шахмæттæй. Е г о р. Цавæр цыдтытæ кæныс? Кæд федтай тъурайы ин- нæты сæрты хизгæ? Афонмæ арс сахуыр уыдаид. Æппын дæ сæ- ры куы ницы лæууы, афтæмæй дын адцжинæгтæй бафсис куынæ ис. Исты хъуаг дæ? С æ г а. Ма мæ мæсты кæн, кæннод дын ахæм митæ акæндзынæн æмæ хъуаг чи у, уый фæбæрæг уыдзæн. Хъазыс, уæд хъаз æмæ дзæгъæлы бæр-бæр ма кæн. 261
Е г о р. Æмæ, дам, æй сахуыр кæн! Нырма ракировкæ цы у, уый нæ зоны, æмæ, дам, æй олимпиадæмæ бацæттæ кæн. Кæс-ма. Къаролæй тъураты ’хсæн фигурæтæ куы нал вæййы, уæд ракировкæ фæкæнынц дыууæ хуызы: хуымæтæг ракировкæ урсы- тæй хъазгæйæ кæнæм рахизырдæм, саутæй хъазгæйæ та гали- уырдæм, даргъ ракировкæ та — урс къаролæй галиуырдæм, сау къаролæй — рахизырдæм. Бамбæрстай йæ? С æ г а. Куы галиуырдæм, куы — рахизырдæм, куы рахи- зырдæм, куы — галиуырдæм. Схæццæ та мæ кодтай. Ацу æмæ йæ базон, кæд дзы кæцырдæм ахæцын хъæуы, уый. Нæ, ам мæнæй ницы рауайдзæн. Дæхицæн сæ уадз, мæн ницæмæн хъæуынц дæ шахмæттæ. (Цæуынмæ хъавы, Егор æй нæ уадзы.) Е г о р. Мæнæ сæ хорз хъазын куы базонай, уæд мын дæ- хæдæг лæгьстæ кæндзынæ, ахъазæм, зæгъгæ. Чи зоны искуы чемпионтимæ дæр хъазай, цы бæрæг ис. С æ г а. Æндæр мæт нæй чемпионты. Сывæллæттимæ сæ рæстæг сафдзысты, æнхъæлмæ кæс. Е г о р. Тынг дзæбæх дæр хъазынц. "Артечы" куы уыдтæн, уæд нæм æрбацыд Михаил Ботвинник æмæ немæ шахмæттæй хъазыд. С æ г а. Ботвинник та чи у? Е г о р. Мæнæ диссаджы лæг! Зæххы цъарыл уый чи нæ зоны, ахæм нæй, фæлæ йæ Сæга нæ зоны. Шахмæттæй дунейы цалдæр хатты чемпион. С æ г а. Æмæ йæ ды ныддæрæн кодтай, дæуæн ахæмтæ цы сты. Е г о р. Æз ын фæхæрды дæн, фæлæ иу-цалдæр ногдзауы йемæ хæрæгсаст фесты. С æ г а. Аргьæуттæ-иу сывæллæттæн дзур. Е г о р. Сергей Петрович арвыста хуынды гæххæттытæ Карпов æмæ Каспаровмæ. Нæ лагермæ сæ хоны. Æз дæр мæхи цæттæ кæнын семæ хъазынмæ. Бафæлварæм мах дæр дунейы чемпионтимæ. С æ г а. Дæ фæнык фесафдзынæ. Стæй дæ хъустæ хъи- лæй дар — чемпионтæ сæ сæрмæ нæ лагеры хуызæтты нæ хæс- сынц. 262
Е г о р. Æз та дын зæгъын — хæссынц! Таль, Смыслов æмæ иннæтæ фыццаг пионерты Галуанты райдыдтой хъазын. С æ г а. Уæдæ æнхъæлмæ кæс — дунейы чемпионтæ нæ гæбæр лагермæ ныххæррæтт кæндзысты æмæ-иу сæм ды хæбæц фæлæуу. Æз цæуын. Е г о р. Фæлæуу-ма, кæдæм цæуыс? Нæ командæ иу хъу- аг у æмæ нæ олимпиадæмæ нæ бауадздзысты. Годоитæ куы фæ- зыниккой, уæд нæ ды бæргæ нæ хъæуыс. С æ г а. Уыдон ма удæгас куы уаиккой, уæд сæ афонмæ исты хабар уаид. (Йæ дзыппæй исы къафеттæ æмæ хæры). Е г о р. Абон Сергей Петрович горæтмæ цæуы. Вертолет, дам, ракурдзынæн æмæ сæ хæхты, хъæдты, къæдзæхты скъуыд- ты, цъититыл бæстон бацагурдзыстæм. Бынтон куыд фесæфтаик- кой. С æ г а. Кæд искуы къæдзæхы тигьæй асхъиудтой, уæд ма сын, чи зоны, се стджытæ ссарой. Цы фехъуыстон, уый зоныс? Е г о р. Исчи сæ федта? С æ г а. Адæймаг, дам, салдæй дæр цæры. Годоитæ кæд зæйы бын фесты, уæд сæ сæдæ азы фæстæ ссардзысты, æртайын сæ кæндзысты, райгас уыдзысты æмæ дзæбæхæй сæ хæдзæрт- тæм æрфардæг уыдзысты. Æрмæст сæ мах нал фендзыстæм. Мах уæдмæ мæрдты Барастыры уазæг нæхи бакæндзыстæм. Е г о р. Ныууадз ма æнæпайда дзæнгæда. С æ г а. 0, дæ ныхæстæн сæ пайда кæуылты у! Дæ минас бирæ, хорз мæ федтай. (Рацу-бацу кæны къафеттæ хæргæ). Кæс- ма, кæс, Егор, нæ сæфт адæм фæзындысты, сæхи къахæй æрба- цæуынц. Фæзындысты Г о д о, Д ы р ы н, Г ы р ы м, С а д ж ы л æ п п ы н æмæ Е г о р. Кæрæдзийыл цинтæ кæнынц. С а д ж ы л æ п п ы н цæуы чиугæ. Е г о р. Кæм фесæфтыстут? Цы фестут? Уæ дарæсæй кæ- рæдзийыл куы ницыуал хæцы, куыйтæ уæ ныттыдтой? Г ы р ы м. Фæстæдæр дын сæ радзурдзыстæм. Ам ха- бæрттæ куыд сты? Тынг нæ агуырдтой? С æ г а. Ам цытæ цæуы, уый куы зониккат, уæд ардæм нал æрбацыдаиккат. Абон ма уæ вертолетæй агурынмæ хъавынц, 263
стæй уæм уæд тæхынмæ хъавыдысты мæймæ, стьалытæм, ома кæд уым æрцардыстут, мыййаг. Г æ д о. Нæ ныййарджытæ базыдтой хабар? Ам сæ ничи уыд? Е г о р. Нæма йæ фехъуыстой, æндæра, æцæг фæдис уыдаид. С æ г а. Æниу мæлгæ куы акæнат, уæдцæр сын æй схъæр кæндзысты нæ лагеры хицауад. Ууыл уæ зæрдæ ма риссæд. Ам цытæ цæуы, уымæн базонæн ницы хуызы ис. Сергей Петровичы нæ зонут, уæдæ ма исчи ногдзаутæй йæ ныййарджытæн лагерæй æвзæр хабары кой скæнæд. Ахæм митæ йын акæндзæн æмæ йæ кой дæр ам нал уыдзæн. Е г о р. Ацы саджы лæппын та уын кæм уыди? Цы дзæбæх у, цы рæсугъд у. Йæ ном та уын цы хуыйны? Æвæццæгæн ын ни- цы бахæрын кодтат, йæ тæнтæ куы бахаудтой. С æ г а. Чи йæ ’ркодта, уыдон дæр æфсæсты каст нæ кæ- нынц. Д ы р ы н. Базыдтай йæ, иууылдæр æххормаг стæм. Хъæддагæн йæ ном — йæ уæлæ. Цалынмæ нæ ничима федта, уæдмæ нын фæйнæ къæбæры куы радавис, Сæга. С æ г а. Уый мæ бар уадз, ныртæккæ. (Ацыд.) Е г о р. Цæй-ма, истытæ мын радзурут, уæхи тыххæй, мæ- нæ ацы æрдхæрæны цæрæгойы тыххæй. Æлхæнгæ йæ бакодтат, æви уын æй исчи балæвар кодта? Æвæццæгæн уæ бон дзурын нал у. Дæхæдæг ма зæгъ, саджы лæппын, кæм ссардтай ацы нæр- тон фæсивæды, кæцæй сæ æркодтай ардæм? О а д ж ы л æ п п ы н. Зæгъдзынæн дын хæрз цыбы- рæй. Мах фембæлдыстæм хъæды. Мæ къах æнæнхъæлæджы фæ- цæф... мæ мад сразы ардæм рацæуон, ууыл. Мæ къах куы адзæ- бæх уа, уæд аздæхдзынæн фæстæмæ. Е г о р. Нæ, нæ. Цæуыны кой ма кæн. Ам цæр. Дæ зæр- дæмæ фæцæудзæн. Годо, йæ ном ын хъæр нæ кæнут? Зæгъут ма йæ мæнæн дæр. Д ы р ы н. Цы дын зæгьæм? Нæхæдæг дæр æй нæ зонæм. Е г о р. Уæдæ йæм куыд фæдзурут? "Кыс-кыс’’-æй хонут? С æ г а цыдæр хæринæгтæ æрбахаста, алкæмæн дæр авæрдта, йæхæдæг дæр хæры. 264
Г о д о. Цæй æмæ æцæгæй дæр нæ дзæбæх хæларыл, ном сæвæрæм. С а д ж ы л æ п п ы н. Кæд уæззау нæу, уæд мыл æй сæвæрут, æз æй ахæсдзынæн, кæдæм зæгъат, уырдæм. Г о д о. Нæ, ном хæссинаг нæу, ома дзы уæз нæй, фæлæ йæ хæссын хъæуы кадимæ. С а д ж ы л æ п п ы н. Æмæ уæддæр цы у? Цæй- йас у? Г о д о. Ном фæкæсынæн у. Зæгъæм: Гырым, Дырын, Егор. Чи дæ хъæуа, уымæ фæдзур йæ номæй. Дæумæ дæ мад куыд фæдзуры? Куыд дæ хоны? С а д ж ы л æ п п ы н. Махмæ ахæм "ном" нæй, мах кæрæдзи хъæлæсы уагæй зонæм, къæхты хъæрæй, нæ буарæй, нæ зондæй, нæ зæрдæйæ. Д ы р ы н. Махмæ та фосæй, маргъæй, алкæмæн дæр ном ис. Саджы лæппын. Уæдæ йæ мæнæн дæр радтут. Е г о р. Рагæй фæстæмæ дæр адæм сагты сионтæ хуыд- той. Схонæм æй мах дæр "Сион". Г ы р ы м. Мæ зæрдæмæ цæуы. Хорз ном у "Сион". См- он, мæ хæлар! Сион, ардæм ма рауай. Дæ бон хорз, Сион, дæ фæндаг раст, Сион! Бæззы. Хорз ном у. Амондджын ном фæуæд. Г о д о (саджы лæппынмæ). Бахъуыды кæн: абонæй фæ- стæмæ исчи куы фæдзура "Сион", зæгъгæ, уæд уый дæумæ дзур- дзæн æмæ-иу æм фæкæс. Д ы р ы н. Номæвæрæгыл цы ’мбæлы, уый дæ ма ферох уæд. Е г о р. Нæ. Зæрдылдарынæн хорз лæвæрттæ ссардзы- нæн. Мæ зынаргь Сион, амæй фæстæмæ æз æмæ ды хæстæджы- тæ уыдзыстæм. Æз дæ номæвæрæг дæн. С и о н. Бузныг, мæ номæвæрæг, хорз æрхъуыды кодтай. Æз æцæгдæр Сион куы дæн, Сион. (Йæ къухтæ йæ сыкъатыл æруагъта.). С æ г а (йæ дзыппæй исы къафеттæ æмæ хæры). Кæсын уæм æмæ дис кæнын уæ митыл. Цыма ницы æрцыд, уæхи афтæ дарут: номæвæрæнтæ, авдæнбæттæнтæ... Мæнæ уал уæ Сергей Петрович фена, кæддæра уæхи нæмттæ дæр нæ ферох кæнат. 265
Е г о р. Цæй, бынтон сæ ма тæрсын кæн. Сергей Петро- вич дæр бирæгъ нæу. Хъуыды ма кæнут, айразмæ нæ лагеры иу чызг йæ къах куы ныццавта. Тынг ын рысти æмæ йæ кæуынæй не ’нцад. Уæд æй Сергей Петрович барæвдыдта, йæ хъæдгомы алы- варс ын рæсугъд дидинæджы ныв скодта æмæ йын худгæйæ аф- тæ зæгъы: "Ныр тагьддæр адзæбæх уыдзæн дæ къах. Згьоргæ кæн!" Чызг дæр бахудт, йæ къахы рис цыдæр фæци. Бацæут æмæ дзы хатыр ракурут, бамбардзæн уæ. Г ы р ы м. Æцæг, æцæг. Цомут æмæ нæ дарæс аивæм. Г о д о. Нæхæдæг æм бацæуæм æмæ дзы хатыр раку- рæм. Е г о р. Сымах уал цæут, æз Сергей Петровичмæ бауайон æмæ йын уе ’рцыды хабар зæгъон, кæннод горæтмæ цæуынмæ хъавы. Ацыдысты Г ы р ы м, Д ы р ы н, Г о д о æмæ С и о н. Е г о р дæр фæцæйцыд, фæлæ йæ С æ г а фæурæдта. С æ г а. Годоиты атæрдзысты лагерæй. Æмæ сын афтæ хъæуы, — сæхицæй мын хъæбатыр лæгтæ арæзтой. Е г о р. Фæрæдыдысты, раст нæ бакодтой. Куы загътаик- кой, кæдæм цæуынц, уый, сæхи куы ракуырдтаиккой, хорз куы ба- цæттæ кодтаиккой дард балцы цæуынмæ, уæд æз дæр семæ ацы- даин. Тæссаг уавæрты бахаудтой, фæлæ уæддæр диссаг у сæ балц. Уæлдайдæр та Саджы лæппын семæ кæй æркодтой, уый. С æ г а. Йæ амарын сæ къухы нæ бафтыд æмæ йæ ракод- той. Е г о р. Лæгдзинад равдыстой. Æз сæм хæлæг кæнын. С æ г а. Саджы лæппын куыд хорз у, уый зоныс? Е г о р. Никуы нæм уыд, фæлæ мæ зæрдæмæ дæр тынг фæцыд. С æ г а. Махмæ уыд. Бабайы ’мбæлттæ цуанæттæ сты. Куы хъæддаг хуы амарынц, куы — сычъи, куы — саг. Арс дæр амардтой. Æмæ бабайæн дæр йæ хай раттынц. Иу хатт та саджы лæппын æрхастой. Е г о р. Дæ фыд дæр цуанон у? С æ г а. Нæ, уый æрдзхъахъхъæнджыты æхсæнады кусы. Е г о р. Æмæ уæд сырдты марын куыд уадзы? 266
С æ г а. Æвæццæгæн сæм бар лæвæрд ис. Майрæмбоны изæрæй ацæуынц æмæ хуыцаубоны æхсæвыгон æрыздæхынц æд сырды мæрдтæ. Е г о р. Æмæ дæ фыд закъоны лæг куы у, уæд саг, арс æмæ æндæр сырдты марыны бар кæй нæй, уый нæ зоны? С æ г а. Егеримæ, дам, иу æвзаг ссардтой. Е г о р. Цавæр æвзаг ссардтой? С æ г а. Нæ зонын. Хæрд, нозт семæ ахæссынц. Æхцайæ дæр æм фæкастысты. Ныр, дам, сын Фсатийы фос йæхæдæг сæ размæ раскъæры. Е г о р. Дæ фыд дæр семæ вæййы? С æ г а. Нæ, семæ нæ вæййы. Йæ куыст ахæм у æмæ уый дæр майрæмбоны изæрæй йæ хъримаг райсы, хызын йе ’ккой баппары æмæ æрдз фæхъахъхъæны хуыцаубоны æмбисæхсæвы онг. Гыцци йын дзуры, ныууадз ацы тæссаг куыст, зæгъгæ, фæлæ йæ нæ уадзы. Е г о р. Дæ фыд раст нæу. Цуанæтты ахсгæ нæ кæны, фæ- лæ ма сæ хæйттæ дæр райсы. Уый æмдзæхдон хуыйны. С æ г а. Уыдæттæ фæуадз, фæлæ ацы саджы лæппыны исты фæкæнæм. Æвгъау у ам уадзынæн. Е г о р. Ома? Куыд исты? Хуыздæр бынат ын кæм ссар- дзыстæм? С æ г а. Адавæм æй æмæ йæ махмæ бамбæхсдзыстæм. Е г о р. Æрра фæдæ? Цытæ дзурыс уый? Æви сæнттæ цæгъдыс? Æрмахуыр сырд. Сæ комы комдзæгтæй йæ куы хæс- сынц. Уый чи бахъыгдарид, ууыл æз мæхæдæг дæр нæ бацауæр- дин. С æ г а. Ничи нæ базондзæн. Зæгъдзыстæм "алыгъди". Е г о р. Кæдæм? Куыд алыгьди? • С æ г а. Хъæдмæ, йæ мадмæ. Уый хъуамæ мæн уа, зоныс, мæн, æндæр никæй! Ам ын уадзæн нæй. Е г о р. Нæ, ды мæ къахгæ кæныс. Фæлæ йын мæнæй ма тæрс. Ахæм рæсугъд, хъæлдзæг, æрмахуыр цæрæгой. Нæ, уымæн хъыгдарæн нæй. С æ г а. Тæппуд дæ, уый рагæй дæр зыдтон. Дæуимæ хъазæн нæй. Фæлæ куы фесæфа, уæд мæ кой искæмæн скодтай, — хъаст-иу мæ ма ракæн — дæ хурхыл дын бахæцдзынæн. Фе- 267
хъуыстай? Хъыпп-сыпп дæр никæмæн! Кæд ма дæ цæрын фæнды, уæд дæ дзыхыл фидар хæц! Ныр мæ ахуыр кæн шахмæттæй хъа- зын. (Æрæвæрдта шахмæттæ). Е г о р. Дæ сæр нæ нал хъæуы, Годо йæхæдæг хъаздзæн. С æ г а. Æз та дын афтæ зæгъын æмæ мæ сахуыр кæн! Е г о р. Нæ мæ ’вдæлы, Сергей Петрович ацæудзæн. С æ г а. Уадз æмæ ацæуа, уый дæ хъуыддаг нæу. Е г о р. Лæппутæ ам сты, уый та вертолетыл агурæг ацæуа? Адæм дæр ныффæдис уыдзысты. Мæт æмæ мастæй бæ- стæ байдзаг уыдзæн. С æ г а. Адонæн афтæ хъæуы. Уæд сæм дзы тынгдæр æр- хаудзæн. Е г о р. Хынджылæг ма кæн. Шахмæттæ-иу ахæсс. С æ г а. Æрбад дын зæгъын! Е г о р. Хорз, куы фездæхон, уæд ахъаздзыстæм. С æ г а. Нæ, æз зæгъын ныртæккæ. Æрбад мæнæ ам! Е г о р. Цытæ кæныс, цы? Дæ зонд фæцыд? (Фæцæуы. Сæга йæм бауад, йæ къух ын ацахста æмæ йæ фæстæмæ æрба- ласта. Егор йæхи атыдта æмæ алыгьд). С æ г а. Фæлæуу, æз дын цы хъæуы, уый фенын кæндзы- нæн. Æз дæ æрцахуыр кæндзынæн, куыд æмбæлы, афтæ! Æмбæрзæн. ДЫККАГ НЫВ Ногдзауты лагерь. Сергей Петровичы кабинет. Фæ- дисхуызæй æрбацыд А г к о. Ракæс-бакæс кæны, стæй кабинеты дуар ба- хоста. Дзуапп нæй. Ногæй та йæ бахоста. Дзуапп нæй. Йæ хызын æрæвæрдта. А г к о. Ам куы ничи ис. Кæм уа уæдæ Сергей Петрович? Кæд уый дæр агурæг ацыд. Ахæм ма дзы бæллæх уа. Афтæмæй йæ хъæбæр сæрст хонынц. (Хъæр кæны). Сергей Петрович! 0, Сергей Петрович! А р с е н (æрбацыд). Æз Сергей дæр нæ дæн æмæ Пет- рович дæр. Дæ бон хорз. А г к о. Æгас цу. Дæ хуызæн зæронд лæджы та ардæм цы ’рбахаста? Æви дзы дуаргæсæй кусыс? Гъе фæдисон дæ ды дæр? 268
А р с е н. Æвæццæгæн, дæуæн дæр ам исчи ис, æндæр. дæ хъæрæй бæстæ дæ сæрыл нæ систаис. А г к о. 0, не ’фсин мæ иуран нал уадзы, лагерæй, дам, æртæ лæппуйы фесæфт æмæ тагьд фæдисы згъоргæ. Мæхæдæг дæр æдас нæ дæн... Цы нæ вæййы... Исчи йæ куы фæрæдийын кæна, мыййаг... Нæ лæппуйæ зæгьын. Ахæм нæу, фæлæ цынæ вæййы. Сывæллæттæ сты... А р с е н. Мæнæн мæ фырты фырт ис ам. Егор! Нæ фы- дæлтæй иу хорз лæджы Егор хуыдтой. Æмæ хуымæтæг нæу, хуы- мæтæг. Уыцы кары ахæм æмбаргæ нæма федтон. Зæххыл цынæ зоны, иу ахæм ын нæй. А г к о. Нæ уарзын — сывæллонæй куырыхон лæг куы аца- разынц, уый. Нæ лæппу мын дзырдта, фæфæрсынц сæ ахуыргæн- джытæ, куыд, дам, фæцыд уæ зæрдæмæ уыцы чиныг, уыцы кино, уыцы спектакль? Цы уæм дзы фæкаст хорз, цы дзы нæ фæцыд уæ зæрдæмæ? Искуыдæр ма сывæллонмæ ахæм фарста рардæуыд? Æдылы митæ! Цы ’мбары сывæллон? Цы дын хъуамæ зæгъа? Мæ- стæй сæм фæтонын, Хуыцауыстæн. А р с е н. Нæ, нæ, хорз лæг, ды раст нæ дæ. Ныртæккæ бирæ хъуыддæгты нæ сывæллæттæ махæй фылдæр зонынц. Мæ- нæн Егор зонад æмæ техникæйы ногдзинæдтæ куы фæдзуры, космонавтты хабæрттæ мын куы фæкæны, уæд æм æз сывæлло- ны цæстæй нал фæкæсын. Ныр та мын уый йæ хабæрттæ кæд фæуыдзæн дзырд. Уырны мæ, афтæ куы ахæсса, уæд дзы стыр ахуыргонд лæг рауайдзæн. А г к о. Кæд сымахон дæр алыгъд, кæд уыдонимæ ис, уæд-иу æм хъус... Тæрсын нæ лæппуйæн... Кæм сты уæдæ адон? (Дуар та хойы). А р с е н. Нæ-æ. Егор ахæм лæппу нæу. Æгады митæ йæ сæрмæ не ’рхæсдзæн. Йæ туджы нæй. А г к о. Цæй-ма, туг, туг! Цы ’мбары туг? Æз ахæм хицæ- утты зонын æмæ сæ цæуæт æвзæр мийæ цынæ кæнынц, иу ахæм сын нæй. Кæм ис уæд уыцы туг? Ныхæстæ мын кæныс. А р с е н. Æгъдау, уæздандзинад æмæ лæгдзинад бына- тæй, кæнæ мулкæй аразгæ не сты. Уыдонæн балхæнæн нæй. Хъу- амæ дæ туджы уой. Дæ фыдæлтæй дын куынæ баззайой, дæ туджы куынæ уой, уæд сау хохæй урс дур нæ тулы. Цъуйыл та фæткъуы нæ зайы. 269
А г к о. Уыдæттæ иууылдæр ныхæстæ сты... Уыцы лæппу- тæм, дам, хæцæнгарз дæр уыди, хиарæзт хъримаг. А р с е н. 0, дзырдтой. Æмæ, дам, æй сæхæдæг ныцъцъ- æл кодтой, сæ митыл фæфæсмон кодтой. А г к о. Уым гæрæхтæ систой, саджы лæппыны, дам, амардтой. Раст лæгæн йæхи хъæбулы хуызæн, уымæ дæ къух сис?! Ды та мын æгьдауы кой, туджы кой кæныс. А р с е н. Йæ къах ын фæцъæррæмыхст кодтой æмæ йæ ныр дзæбæх кæнынц, зилынц æм, рæвдауынц æй. А г к о. Чи дын загъта? Чи сæ федта? А р с е н. Нæ зонын, афтæ мæ хъустыл æрцыд. А г к о. Тæринаг сты ардыгæй. Куынæ сæ атæрой, уæд- дæр сæ æз афтæмæй нæ ныууадздзынæн. Ды мæ нæма зоныс. Æз æрдзхъахъхъæнджыты æхсæнады уæнг дæн. Æз сын сæ ныйй- арджыты фæивар кæндзынæн, сæхи та сын газеты рауадздзынæн, цæрæнбонты сырдтæн сæ койæ дæр тæрсгæ куыд кæной. А р с е н. Ныууадз сæ цæй. Æндæр куыст дын ницы ис? Сывæллæттæ сты, фæрæдыдысты. Фæлтау сæм нæ хъус фæда- рæм, цæмæй мауал фæрæдиой. Се ’мбырдмæ ’рбацу, раныхас кæн... Æз дæр... А г к о. Фыдгæнджыты хурмæ ракалын мæнæн мæ куыст у. Æрмæгæн мын йæ сæргонд дæр цæттæ у: "Æрдзы знæгтæ — адæмы знæгтæ!" А р с е н. Цавæр знæгты кой кæныс? Бынтондæр куы ахæцыдтæ иннæрдæм. Мæлæты карз нæ дæ. Æрдзыл дæр æмæ адæмыл дæр æндæр фыдбылыз ма ’рцæуа. Æз сæ раст нæ кæ- нын, фæлæ сæм мæ хъус фæдардзынæн. А г к о. Æрдз нæ дарæг у æмæ йæ фыдгæнджыты ныхмæ тохы æз никæмæн ныххатыр кæндзынæн. Уый хъуамæ алчидæр зона! Алчидæр! А р с е н. Уый раст у, æрдзы зæрдиагæй хъахъхъæнын хъæуы, фæлæ а... А г к о. Мур хатыр дæр нæ! Тæрын сæ хъæуы ардыгæй. Иннæты дæр ма фесафдзысты... А р с е н. Цæмæй дæ адæм се сæфт феной, уый дæ кæд нæ фæнды, уæд макуы бафхæр раст адæймаджы, зондджын, кад- джын, намысджын лæджы, уæлдайдæр та кæстæрты. 270
А г к о. Мæ бар сæ бауадз — æз сын, раст æмæ зылын цы сты, уый бацамондзынæн. А р с е н. Тыхджын лæгæн-иу æрдз йæ тыхмæ гæсгæ зонд дæр куы радтид, бæргæ. Фыды хæстæ фырт фæфиды. Дæ фыртæн æнæхъуаджы æфхæрд митæ, туджджынтæ ’мæ знæгтæ куы ныууадзай, уæд ыл уынгæджы бон нæ уыдзæн? Фæлтау ын хорз æгьдау, хорз фарн ныууадз æмæ фыдвæд ма фæуай. А г к о. Æз истытæ кæндзынæн. Мæнæн зонд амонын нæ хъæуы. Дæ уынаффæ хъуаг нæ дæн. Куыд цæрын хъæуы, стæй кæимæ цæрын хъæуы, уый та мæхицæй хуыздæр ничи зоны... Сæ- гайы, нæ лæппуйæ зæгъын, тынг бафæдзæхстон, цæмæй уыцы мæлинæгтимæ ма цæуа, йæхи сæ хъахъхъæна. Кæм уа уæдæ?! А р с е н. Цæринæгтæ, суинæгтæ куы сты, уæд сæ цæ- мæн хоныс мæлинæгтæ? Нæ хъæбултæ куы сты. А г к о. Цы мæм ныууырдыг дæ, уый бæрæг дын нæй! Чи цы агуры, уый баййафдзæн æмæ фæци! А р с е н. Сонт рæдыдæн-иу раджы заманы дæр ныббар- стой. А г к о. Цытæ мын дзурыс, цы? Абон лагерæй алыгьдысты, райсом — сæ хæдзæрттæй. Абон саг амардтой, райсом та лæг амардзысты! А р с е н. Сæ рæдыдыл басастысты, сæхиуыл æрхудты- сты, дзырд радтой, кæй нал фæрæдидзысты. Цы ма сæ домыс? А г к о. Зæронд лæг куы дæ, уæд куыннæ ’мбарыс, уыдон хуымæтæджы сывæллæттæ кæй не сты, уый? Уыдон тæссаг сты не ’хсæнадæн. А р с е н. Æгæр фæцæхджын кодтай дæ ныхас. Æрбацыд Сергей Петрович. Сергей Петрович. Æгас цæут, уазджытæ. (Сæ къухтæ сын исы). Рахизут мидæмæ. (Бакодта сæ йæ кабинет- мæ). Æвæццæгæн, сывæллæтты абæрæг кæнынмæ æрбацыды- стут? Раст бакодтат. Бузныг уæ дæн. Арфæ уын кæнын. Ис ахæм ныййарджытæ æмæ йæ хъæбул хæдзарæй федтæ уæд, æндæр æй хъуыды дæр нал фæкæнынц. Уæ хорзæхæй, хъусын уæм. А г к о. Сергей Петрович, чи зоны, мæ хъуыды кæнай — æз Сæгайы фыд Агко дæн. Зæгъын æй абæрæг кæнон: кæд æх- 271
хормаг не ’ййафы, рынчынæй Хуыцау бахизæд. Фенон æй, зæ- гъын. Кæм ис, кæ? Сергей Петрович. Балцы сты, куы ’рцæуой, уæд æй фендзынæ. Хæрдхъуаг нæу, рынчын дæр нæу. (Арсенмæ). Ды та, хорз лæг, кæмæ ’рбацыдтæ? А р с е н. Æз Егормæ ’рбацыдтæн. Йæ фыды фыд дæн. Ныр æй кæдæй нырмæ нæ федтон æмæ йæ мысын. Сергей Петрович. Хорз лæппу у Егор. Зæр- дæргьæвд, хæрзæгъдау, къухæй дæр хæрзарæхст, хорз хъазы шахмæттæй. А г к о. Афтæ фехъуыстон, Сергей Петрович, дæ лагерæй, дам, æртæ лæппуйы фесæфт. Уый æцæг у? Сергей Петрович. Æцæг дæр у, æцæг дæр нæу. А г к о. Нæ дæ ’мбарын, Сергей Петрович. Афтæ нæ вæййы. Сергей Петрович. Æртæ лæппуйы цалдæр æхсæвы æдтæ кэей фесты, уый æцæг у. Фæлæ сæфт сты, зæгъ- гæ, уый раст нæу. (Смста телефоны хæтæл, æрзылдта цалдæр номыры). Лариса Борисовна?.. 0, æз дæн. Кæм сты уыцы лæппу- тæ?.. Дæ къорды сæрæнгуырдтæй зæгъын... Фæстæдæр ма-иу сæ рарвит мæнмæ... Райсом нæм уыдзæн лагеры иумæйаг æм- бырд æмæ уым уынаффæ рахæсдзыстæм... Нæ зонын, нæ зо- нын... Зæрдæ дын не ’вæрын... Æркæсдзыстæм, хъуыддаг йæхæ- дæг йæхи амондзæн... Хорз, хорз... Уазджытæ мæм ис. (Æрæ- вæрдта телефоны хæтæл). А г к о. Махон дзы нæ уыдаид, Сергей Петрович? Иннæтæ йæ се ’мхуызон ма скæнæнт. Уæд сын æз сæ цардæй зындон аца- раздзынæн. А р с е н. Æмæ сæ кæм ссардтат? Сæрæгас, æнæниз, æнæфыдбылыз сæ Хуыцау уадзæд. Куыд сты? Хи хъахъхъæнынæн сывæллæттæ цы ’мбарынц. Уазал æмæ æххормагæй фæцудыдта- иккой, мæгуыр. Сергей Петрович. Мах сæ кæм нæ агуырд- там, ахæм бынат нал баззад. Фæлæ ницы ссардтам, иу уынæг сæ нæ фæци. Стæй сæхæдæг фæзындысты, семæ ма саджы лæппын дæр æркодтой. 272
А р с е н. Хуыцау дын хорз ракæнæд, æгайтма дзæбæх,. сæрæгас сты. А г к о. Æз сын саджы лæппын цы у, уый фенын кæндзы- нæн. Мæн нæма зонынц, фæлæ мæ а-дыууæ боны æгæр хорз дæр базондзысты... Фæлæуу-ма, фæлæуу, Сергей Петрович, цы- дæр мæ сусæг кæныс. Æргом ма мын зæгъ: Сæга семæ уыд, æви нæ? Цæмæн дзы хъæуы дардыл ныхæстæ? Кæм ис мæ фырт? Сергей Петрович. Кæд мыл æууæндыс, уæд дын зæгьын: нæ уыд семæ. Уæд дын æй загьтаин æргом, цы ис уым сусæггагæй? А г к о. Бузныг, Сергей Петрович, æууæндын дыл. Уыдо- нимæ нæ уыдаид. Уымæн æмæ мæ фырт ахæм хæдзары хъомыл нæу. Ницы хъуаг у, алцыдæр ын ис фагæй фылдæр. Сергей Петрович. Знон нæм музыкалон изæр уыд. Æмæ дын, Агко, æргом куы зæгъон, уæд дзы дæ фыр- тæй къуымыхдæр ничи разынд. Зарын нæ зоны, музыкалон инст- рументтыл цæгъдын дæр афтæ. Куы йæ бафарстой: "Зæгъ-ма, Сæга, Чайковскийæн йæ ном, йæ фыды ном, кæд райгуырд, кæд амард, цы йын зоныс йæ музыкæйæ?" — уæд зæхмæ ныккаст. Уæд та йæ фæрсынц: "Чи ныффыста фыццаг ирон симфони, фыц- цаг ирон оперæ, фыццаг ирон балет?" Кæд ды исты дзурыс, уæд уый дæр. Иунæг композиторы ном дæр нæ базыдта. А г к о. Æмæ уыдæттæ æз куынæ зонын, уæд сæ сывæл- лонæн куыд зонын кæнут? Сергей Петрович. Дæхи ма худинаг кæн. Егор Сæгайæ иу аз кæстæр у, фæлæ æппæт фарстытæн дæр ит- тæг хорз дзуаппытæ радта. Лæвæрд ын æрцыд Кады гæхæтт æмæ чингуытæ. (Арсен сæрыстырæй йæ мидбылты худы). А р с е н. Уæллæй, мæнмæ дæр ахæм фарстытæ авæры æмæ мæ ныхæй хид рахъары: "Нæ зонын" зæгъын мæм худинаг фæкæсы, зæронд лæг дæн, дзуапп радтын та мæ бон нæ вæййы. Сывæллон сывæллон нал у. Кæддæры цæстæй йæм кæсæн нал ис. Иуæй-иу хатт æй истæмæйты куы афæрсин, уый мæ фæфæн- ды, фæлæ мæхиуыл фæхæцын, йæ зæрдæ мыл куы фæхуда, зæ- ронд лæг æмæ хуымæтæджы хъуыдцæгтæ нæ зоны, зæгьгæ. А г к о. Ныууадз ма, Арсен, æппæлæн ныхæстæ. Сергей Петрович, æмæ сабат, хуыцаубоны та уæ рæстæг куыд æрвитут, уæ улæфт кæм фæуадзут? 18 Царды хос 273
Сергей Петрович. Уыцы бонты ногдзаутæн уæлдай хъæлдзæгдæр, уæлдай диссагдæр вæййы сæ рæстæг. Алы къорд дæр фæцæттæ кæны йæхи æрхъуыдыгонд бæрæгбон æмæ ерыс фæкæнынц, чи хуыздæр равдиса йæ дæсныйад, ууыл. А г к о. Æз дæ уыдæттæй нæ фæрсын. Дæхицæй дæ фæрсын. Цуаны цæуын, кæсаг ахсын... Зæгъын дæ немæ куы акæ- никкам, дзæбæх дæ фæллад суадзис. Ме ’мбæлттимæ дæ базон- гæ кæнин. Майрæмбоны изæрæй ацæудзыстæм æмæ хуыцаубо- ны изæрæй фæстæмæ æрыздæхдзыстæм. Фæсмон нæ фæкæн- дзынæ, афтид армæй дæр не ’рцæудзынæ. А р с е н. Æрдз хъахъхъæнынмæ йæ хоныс? А г к о. Уый нæхи уынаффæ у. Алцы зонын хорз нæу. Сергей Петрович. Бузныг, Агко, ахæм сæ- рибар рæстæг мын нæй. Уæлдайдæр уыцы лæппуты фæстæ... А р с е н. Сергей Петрович, зæгь-ма, дæхорзæхæй, дард балцы сты нæ сывæллæттæ? Цафон хъуамæ æрхæццæ уой? Сергей Петрович. Æхсæвæрмæ сын ам æнæ уæвгæ нæй. А р с е н. Уæдæ уал æз цæуон. Ардыгæй æхсæвæрмæ дзæгьæлы бадынмæ кæй æвдæлы. Æндæр хатт æм æрбауайдзы- нæн. Сергей Петрович. Куыд уæ фæнды, афтæ. Уе ’рбацыдæй бузныг. А г к о. Цæй уæдæ æз дæр цæуын. Мæнæ адон Сæгамæ куы радтис, уæд дæ стыр бузныг фæуаин. (Дæтты Сергей Петро- вичмæ стыр дымст хызын). Сергей Петрович. Æмæ цы ис дæ хызыны? А г к о. Ницы. Сывæллонæн хæринæгтæ. Сырды фыд уар- зы æмæ йын дзы чысыл афыхтон. Йæ мад ын фыдджын æмæ уæливыхæй цы нæ скодта, иу ахæм нæй. Цæхджынтæ дæр бирæ уарзы æмæ... Сергей Петрович. Мауал сæ нымай. Айс дæ хызын æмæ йæ фæстæмæ ахæсс. Дæ сывæллоны ма хал. Стæй иннæты дæр. А г к о. Уый та куыд? Цæмæй сæ халын? Уадз æмæ сы- вæллон цы уарзы, уый хæра. Курын дæ, Сергей Петрович, ма фæ- зивæг кæн. 274
Сергей Петрович. Зивæгыл нæу хъуыддап’ Сывæллæттæн фаг хæринаг ис, сæ уæлдай дæр ма ныууадзынц. Дæ фырт иунæгæй сырды фыд æмæ фыдцжынтæ куы хæра, уæд æм иннæтæ нæ хæлæг кæндзысты? Сæга та чъынды у, никæмæн ницы авæрдзæн, куынæ йæ хъæуа, уæд æй фæлтау аппардзæн искæмæн радтыны бæсты. А г к о. Иннæтæн дæр сæ ныййарджытæ æрбахæссæнт æмæ йæм ма хæлæг кæной. А р с е н. Нæ, Агко, ды раст нæ дæ. Дæ фырты сафыс дæхæдæг. Афтæмæй дзы хиуарзон, хиппæлой, æдзæстуарзон æмæ фыдзонд адæймаг рауайдзæн. Дæумæ гæсгæ æз дæр хъуамæ сырды фыд æрбахастаин? Кæнæ сыгъзæрин фæт- къуы? А г к о. Æмæ дын æз дæ къухтыл хæцыдтæн? Чи дæ нæ уагъта? Кæд дæ бон нæу, уæд та дæ дзыхыл хæц. А р с е н. Раст зæгьы Сергей Петрович. Ам æххормаг не сты. Уæхимæ куы ацæуа, уæд ын цыфæнды дæтт. Сывæллæттæн скъолайы, лагерты, æфсады дæр иухуызон дарæс цæмæн дæт- тынц, ууыл никуы ахъуыды кодтай? Ам дæр хъулон митæ ницæ- мæн хъæуы. Уадз æмæ иухуызон хъомыл кæной. А г к о (фæмæсты). Дæу та чи фæрсы, дæу? Чи мын дæ? Цы мын дæ? Ам дæхи уынаффæгæнæг цы скодтай? Дæ Егорæн уынаффæтæ кæн, мемæ дæ ницы хъуыддаг ис! Сергей Петрович. Æвзæрæй дын ницы зæгъы. Баныхас кодтам: ахæсс дæ хызын, ам ын уадзæн нæй. Стæй ма куы цæуай, уæддæр-иу мацы рахæсс демæ. А р с е н. Цæй, хорзæй баззай, Сергей Петрович. Абæ- рæг та уæ кæндзынæн. (Фæцæуы. Агко дæр йæ хызын систа æмæ хъуыр-хъуыргæнгæ ацыд). Сергей Петрович. Фæндараст ут. (Ногæй та дзуры телефоны). Лариса Борисовна! Дыууæ хатты мæ цæмæн дзурын кæныс?.. Ардæм уал сæ рарвит, стæй уæд дæ бар нæ уыдзысты?.. Сæ атæрыны фарста лыг нæма у. Æрæвæрдта телефоны хæтæл. Кæсы хъуыдцаджы гæххæттытæм. Æр- бацыдысты Г о д о, Г ы р ы м æмæ Д ы р ы н. Къæсæрæй бахызты- сты. Æрлæууыдысты фæсдуар сæргуыбырæй. Сергей Петро- в и ч сæм кæсы æнæдзургæйæ. 275
Сергей Петрович. Æгас цæут, нæ хъайтар фæсивæд. (Уайдзæфæй). Лæгдзинад равдыстат! Фесгуыхтыстут! Уæдæ ма цы вæййы? Лæг дзы хуыздæр æнхъæл кæмæй уа, уый фыддæр фæвæййы. Æз сымахæй алкæй тыххæй дæр дзуапп дæт- тын уæ ныййарджыты раз, падцзахады раз. Мæ бынаты сымахæй исчи куы уаид, уæд куыд бакæнид? Цы тæрхон рахæссид? Зæгъ- ут ма йæ уæхæдæг. Г о д о. Г ы р ы м. (Иумæ. Ныххатыр нын кæн, Сергей Петрович, Д ы р ы н. никуыуал фæрæдидзыстæм). Сергей Петрович. Ам канд мæныл нæ цæуы дзырд. Сымах нæ ахъуыды кодтат нæ лагерыл. Стырæй чысылмæ нæ катай æмæ мæты хай фæкодтат. Æхсæвæй-бонæй æнцой нæ ардтам. Г о д о. Сæттæм нæ рæдыдыл. Хатыр курæм. Никуыуал бакæндзыстæм афтæ. Сергей Петрович. Ныртæккæ дзырд цæуы, цæмæй сымах æппæрст æрцæуат лагерæй æмæ уæ уагахасты тыххæй фыст æрцæуа гæххæтт уæ ныййарджытæм, уе скъолатæм. Г ы р ы м. Ацы хатг ма нын ныббарут, Сергей Петрович. Д ы р ы н. Ард дын хæрæм, кæй никуыуал фехалдзыстæм лагеры æгъдау, уый тыххæй. Сергей Петрович. Уый æрмæст мæнæй аразгæ нæу. Райсом фарста рахæсдзыстæм иумæйаг æмбырдмæ æмæ уым куы схъæлæс кæной, аппарæм сæ, зæгъгæ, уæд... Æз мæхæдæг фæндон бахæсдзынæн уæ аппарыны тыххæй. Г о д о. Кæд гæнæн ис, уæд ныл баууæнд. Дæ зæрдæ ныл никуыуал фæхуддзæн, Сергей Петрович. Зонæм æй цæй бæрц маст уын скодтам, уый. Нæ рæдыд та сраст кæндзыстæм хъуыд- дагæй. Сергей Петрович. Уæ фæстæ нæм æмбырд уыди. Æрбацыдысты нæм "Уæлахизы" колхозы разамонджытæ. Колхозы сæрдар дзырдта, нæ лагер сын дыргътæ æфснайгæйæ цы стыр æххуыс бакодта, уый тыххæй. Хуыздæр чи бакуыста, уыдонæн лæвæрд æрцыд колхозы правленийы, парткомы, проф- комы æмæ фæскомцæдисы комитеты Кады гæххæттытæ. Уыцы номхыгъды уыдыстут сымах дæр. Айсут уæ Кады гæххæттытæ. Ар- 276
фæ уын кæнын. (Дæтты сын Кады гæххæттытæ). Уæ дарддæры хъысмæтыл райсом æмбырды æрныхас кæндзыстæм. Уыцы саджы лæппынмæ уæ хъус дзæбæх фæдарут. Хорз бынат ын скæ- нут. Хæринагæй йæ цух ма ныууадзут. Кæд уæ исты хъæуа, истæ- уыл тыхсат, уæд-иу мæнæн зæгъут, æфсæрмы ма кæнут. Дохтыр- мæ æз мæхæдæг фæдзырдтон. Йæ къах ын адзæбæх кæндзы- стæм. Фæлæ уын лидзгæ ма акæнæд. Г ы р ы м. Нæ, лидзгæ нæ акæндзæн. Æрыууæндыд ныл. Д ы р ы н. Ам йæ зæрдæмæ фæцæудзæн, нæ алидздзæн. Г о д о. Бузныг, стыр бузныг, Сергей Петрович. Мах тынг тарстыстæм, нæхи дæр æмæ нын нæ саджы лæппыны дæр куынæ бауадзай лагермæ, уымæй. Ницы цух æй ныууадздзыстæм. Буз- ныг! Сергей Петрович. Æрдзхъахъхъæнджыты Æхсæнадæй уæм иу лæг тынг æртхъирæнтæ кæны, газеты уæ ра- уадзынмæ хъавы, уæ ныййарджыты та ивар фæкæндзæн... Хорз нæ бакодтат... Сызмæстат бæстæ... Цæут уал ныр. 0, фæцæй мæ рох кодта. Уæ агитбригады концерт тынг фæцыд колхозонты зæр- дæмæ æмæ уæ ногæй агурынц. Бакусут уæ программæйыл, а- дыууæ боны сæм цæуын хъæудзæн. Ныр цæут. Æмбæрзæн. ÆРТЫККАГ НЫВ Фæстæмæ та уыцы бынат. Æрбацыдысты Г ы р ы м, Г о д о, Д ы р ы н, Е г о р æмæ С æ г а. Е г о р. Арфæ уын кæнын. Æгайтма уæ нæ федде кодтой, кæд уын хъæугæ кодта, уæдцæр. Г ы р ы м. Бæдæйнаг Егор. Хорз радзырдтай. Ды куынæ уыдаис, уæд нæ бирæ нал хъуыд... Д ы р ы н (Сæгайæн). Ды та цы кæныс, ды? Цы дын нæ фаг кæны? Æнæ дзургæ дæ ничи уагьта? С æ г а. Æз Егорау былдауæн ныхæстæ нæ уарзын. Загъ- тон мæ фæндон: тæрын уæ хъуыд ардыгæй æмæ уæд уæ митыл хуыздæр ахъуыды кодтаиккат. Кæннод ныр æгæр уæлæнгæйтты аирвæзтыстут. Лæгдзинад, дам, сæм разынд... 277
Г о д о. Ныууадзут, уыцы ныхас фæци, ахицæн ис. Сионы рохуаты фæуагьтам. Нырма йæм фаг хъусдард нæй. Г ы р ы м. Омæ йын исты æрхъуыды кæнæм. Иугæр ам баззадыстæм, уæд ын цы хъæуы, уыдон саразæм. Д ы р ы н. Æмæ цæмæй райдайæм? Е г о р. Хæдзар ын саразæм, уый у сæйрагдæр. Г о д о. Иттæг хорз, уымæй уал райдайæм. Сæйрагдæр хæдзар у, стæй та фендзыстæм. С æ г а. Æмæ хæдзар та цæмæй аразынмæ хъавут? Е г о р. Не ’фтауцдоны цæттæ хæдзары хæйттæ — бирæ. С æ г а. Æмæ дын уыдонæй чи дæтты? Уæ зæрдæ уыдо- ныл ма дарут. Сæ дуарыл ис дынджыр гуыдыр. Огæй йæ аразгæ та чи кæндзæн? Г о д о. Мах. Не ’ппæт дæр иумæ. С æ г а. Искуы кæркдон сарæзтат, хæдзар нæ, фæлæ? Д ы р ы н. Никуы. Нæ дæр хæдзар, нæ дæр — кæркдон. С æ г а. Уæдæ уæхи цы рарæвдз кодтат. Хæдзары хæйт- тæ дæр уын пырх кæнынмæ ничи ратдзæн. Г о д о. Ратдзысты. Куынæ дæттой, уæдСергей Петрович- мæ бацæудзыстæм. Йæхæдæг нын куы загьта. Г ы р ы м. Æмæ йæ аразгæ та кæм кæнæм? Дзæбæх бы- нат ын равзарын хъæуы. Д ы р ы н. Мæнмæ гæсгæ йæ аразын хъæуы нæ егьау ца- ды был. Хибар ран у, ничи йæ хъыгдардзæн. С æ г а. Кæд ын æнæ аразгæ нæй, уæд ын æз иу хорз бы- нат зонын. Ахæм уæ иу дæр не ссардзæн. Г ы р ы м. Кæм? С æ г а. Нæ дыргъдоны кæрон. Уым хизæнтæ дæр бирæ, аууон ран, дон дæр æм хæстæг у. Цы ма хъæуы хуыздæр. Г о д о. Уæдæмæ йæ саразæм мæнæ ам. Не ’ппæтмæ дæр уыдзæн хæстæгдæр. Нæ хъус æм хуыздæр дардзыстæм. Йæхæдæг дæр æнкъард нæ кæндзæн иунæгæй. Разы стут мæ фæндыл? (Сæгайæ фæстæмæ иннæтæ загътой "Разы стæм"). Уæдæ райдайæм аразын. Д ы р ы н. Ныртæккæ? Æвиппайды? Г о д о. Уæдæ? Цæмæ ма кæсæм? Нæ иутæ хæссынц хæдзары хæйттæ, иннæтæ та йæ аразгæ кæнынц. 278
С æ г а. Мæнмæ гæсгæ уал нæ ардæм хæссын цы хъæуьг, уыдон æрбахæссæм, стæй йæ иумæ сараздзыстæм. Г о д о. Фæуæд афтæ дæр, разы дæн. Цомут æмæ хæс- сын райдайæм. (Ацыдысты. Егор æмæ Гырым фæфæстиат сты). Е г о р. Гырым, куыд дæм кæсы, Сæга цæмæн афтæ тыз- мæг радзырдта æмбырды? Г ы р ы м. Нæ зонын. Æвзæрæй йын никуы ницы кодтон. Йæхицæй æгъдауæвæрæг аразы æвæццæгæн. Цы йыл мæт кæ- ныс, уæддæр йæ ныхæстæй куы ницы рауад. Е г о р. Нæ, уый хуымæтæджы нæ ныллæууыд уæ суры- ныл. Цыдæр сусæг фæндтæ йæ схойынц размæ. Мæ зæрдæмæ йæ зондахаст нæ цæуы. Уæхи дзы хъахъхъæнут. Г ы р ы м. Кæмæй? Сæгайæ? Гыццылдæр ма уæлдай змæлд скæнæд — йæ дæндæгтæ йын бапырх кæндзынæн. Ныр дæр æм тыххæйты уромын мæхи. Г о д о æмæ С æ г а æрбахастой хæдзары хæйттæй иу къул æд рудзынг. Г о д о. Ам ма куы стут. Хæсгæ ут, цалынмæ скълады ду- ар гом у, уæдмæ. Ацыдысты. Д ы р ы н æрбахаста цыдæр хæйттæ. Афтæмæй æр- бахастой, цы сæ хъуыд хæдзар аразынæн, уыдон. Г ы р ы м. Ныр афтæ баныхас кæнæм: нæ иу амонгæ кæ- нæд, иннæтæ — аразгæ. С æ г а. Ницæмæн дзы хъæуы амонæг. Цæттæ хæдзары хæйтты кæрæдзиуыл ныххойынæн академик бацагурут. Г ы р ы м (тызмæгæй). Мæнмæ гæсгæ та хъæуы! Г о д о. Ма тох кæнут. Райдайæм аразын. Г ы р ы м æмæ Д ы р ы н систой, хæдзары дуар цы къулыл ис, уый. Д ы р ы н. Мæнмæ гæсгæ дуар вæййы рахизæрдыгæй. Къул сæвæрæм мæнæ афтæ. С æ г а. Кæд федтай дуар рахизæрдыгæй. Сæвæр æй ин- нæрдæм, мæнæ афтæ. Г о д о. Дуар хъуамæ уа астæуæй. Афтæмæй рæсугьдцæр уыдзæн. Цы ’мбарыс ды та хæдзар аразынæн? 279
С æ г а. Уый раст нæу, галиуæрдыгæй хъуамæ уа дуар. (Дуар иннæрдæм æвæры). Хæдзар нæу, фæлæ скъæт. Г о д о. Ды цы ’мбарыс арæзтадæн? Искуы дæ къухы дзæ- буг æмæ аргъау уыди? Искуы иу зæгæл дæ уды номыл ныххостай? С æ г а. Хъус-ма, Годо, дæхицæй тыхлæг ма араз. Æгæр- тæ куы кæнай, уæд дын ахæм полхъ ныккæндзынæн æмæ къулыл куыд сæмбæлай. (Годомæ йæхи баивæзтытæ кодта, фæлæ йæм Гырым февнæлдта æмæ йæ зæххыл ныццавта. Уайтагьд сæ ба- иргъæвтой). Е г о р. Цæмæн дзы хъæуы хыл кæнын? Иумæйаг хъуыд- даг аразæм æмæ йæ дзырддаг цæмæн кæнæм. Æгъгъæд фæуæд. Бафидаут. Уæ къухтæ кæрæдзимæ радтут. (Æвæндонæй сæ къух- тæ кæрæдзимæ радтой). Г о д о. Фидыд! Г ы р ы м. Фидыд! С æ г а. Фидыд... Е г о р. Æртæ фæндонæй иу равзарæм. Фæлæ куыд? Хæлттæ сæппарæм. Г о д о. Кæд федтай арæзтады хъуыддаджы хæлттæ æп- паргæ? Фæлтау сæ хъæлæсмæ æрæвæрæм. Д ы р ы н. Цæй, хæлттæ сæппарæм. Диссаг мæм кæсы, кæддæра кæй хал схауд. (Хæлттæ æппарынц. Схауд Дырыны хал). Нæ уын дзырдтон? Æз раст загътон. Дуар рахизæрдыгæй æвæрын хъæуы. Бафæрсын худинаг нæу. Г о д о. Рæдийæм, уый зонын, фæлæ ма цы гæнæн ис. Сæвæрæм æй рахизæрдыгæй. Райдыдтой аразын. Алчи дæр сæ архайы зæрдиагæй. Цыдæртæ дзы нæ фæрæстмæ, райхæлдтой йæ фæстæмæ. Ногæй та аразынц. Е г о р. Дзæбæх æй сфидар кæнут, кæннод æй дымгæ афæлдахдзæн æмæ уæд та Сионы йæ быны фæкодта. Фæхудинаг уыдзыстæм. Г ы р ы м. Дымгæ нæ, фæлæ йын уадтымыгьтæ дæр ни- цы кæндзысты. Д ы р ы н. Кæсут-майæм, кæсуг, æцæгхæдзары хуызæн нæу? Г о д о. Мæхæдæг дæр æнхъæл нæ уыдтæн. Афтæ фæ- рæстмæ уыдзæн, уый чи зыдта. (Цингæнгæ йæм кæсынц, йæ 280
алывæрсты разил-базил кæнынц, кæмдæрты ма йæ фæхуыздæр кæныныл архайынц). Г ы р ы м. Диссаг у, диссаг. Нæ мæ уырны — ацы галуан мах нæхæдæг сарæзтам? Е г о р. Куыд уыныс, афтæмæй нæм æддагонæй ничи ис. Г ы р ы м. Мæнæ диссæгтæ! Мæхи цæсты фæкадцжын- дæр дæн. Стæй сымах дæр. Е г о р. Куыстæн, дам, йæ райдайын у зын. Д ы р ы н. Сæга, кæсыс, цы хæдзар дзы ныззылдтам. Ды та нын æппын ницы æнхъæл уыдтæ. О æ г а. Нæ мæ уырныдта. Зæгъын, уæхицæй æппæлут, æндæр сабиты бон циу. Ныр ын æхсызгон у, цыдæртæ дзы бам- бæрстон æз дæр. Г о д о. Мах чысыл сабитæ нал стæм, мах ногдзаутæ стæм. Ногдзауты бон та бирæ у. Е г о р. Хистæртæ лæджы бындзæфхад кæй фæхонынц? Г ы р ы м. Æвæццæгæн, мæнæ мах хуызæтты. Хуымæтæг стæм, хуымæтæг? Лæппутæ, мæ зæрдæмæ аразджыты дæсныйад цæуын байдыдта. Хæдзæрттæ араз — уымæй хуыздæр ма цы уа? Г о д о. Хорз у ныр. Цæттæ у. Цæрынæн бæззы. Е г о р. Куыд хорз? Йæ хуылфы куы ницы ис. Г о д о. Æмæ дзы сæвæрæм, цы хъæуы, уый. Д ы р ы н. Сионы уаты хъуамæ алцыдæр уа. Æрбахæс- сæм сынтæг, стъол, бандæттæ, хуыссæнтæ. Г о д о. Дзурыны бæсты сæ ардæм хæссын хъæуы. (Ацы- дысты иууылдæр Годойæ фæстæмæ. Годо ма цыдæртæ аразы, Гырым, Егор æмæ Дырын хæссынц хæдзары дзаумæттæ æмæ уат æфснайынц. Сæга нал æрбаздæхт). Е г о р. Цы ма дзы нæ фаг кæны, уый зонут. Г ы р ы м. Цы? Е г о р. Радио æмæ телевизор. Г о д о. Æцæг, æцæг. Ардæм нæ рухс æмæ радио æрба- уадзын хъæуы. Дырын, ды телтæ ссар, Егор та сæ аразгæ скæн- дзæн. Æз æмæ Гырым цæуæм, цæмæй ракурæм телевизор æмæ приемник. Д ы р ы н. Æмæ Сион телевизортæ æмæ приемниктæн цы ’мбары? 281
Е г о р. Сахуыр æй кæндзыстæм. (Ацыдысты. Егор баззад. Цыдæртæ кусы. Дырын æрбахаста телтæ. Егор æмæ Дырын, тел- тæ хæдзарæй фæсценæмæ сфидар кодтой. Уæдмæ Годо æмæ Гырым æрбахастой телевизор æмæ приемник. Бакодтой сæ, ску- сын сæ кодтой. Цæгъды хъæлдзæг музыкæ. Æрбацыд Сион). С и о н. Мæнæ кæм сты, мæнæ! Ам цы аразут? Æз та уæ агургæ кодтон. Фæзылдтæн цады алывæрсты, дыргъдоны, доны былтыл. Хорз бынæттæ сты, зæрдæ сæ райы. Ам та чи цæры? Кæй хæдзар у? Цы хорз у. Г о д о. Абонæй фæстæмæ ацы хæдзар уыдзæн дæу. Мах æй дæуæн сарæзтам. Цæрдзынæ ам. Дæ уаты цы ис, уыдон дæр сты дæу æмæ сæ пайда кæн, куыд дæ фæнды, афтæ. Айс, мæнæ дын уыдон та йæ дæгъæлтæ. С и о н. Дæгъæлтæ та цы пайда сты? Цæмæн хъæуынц? Д ы р ы н. Дæгъæл цы у, уый нæ зоныс? С и о н. Нæ зонын, зæгъ мын æй. Д ы р ы н. Дæгъæл у, цæмæй дæ хæдзары дуар искуы- дæм цæугæйæ фидар сæхгæнай, уый тыххæй. С и о н. Æмæ йæ фидар æхгæнын цæмæн хъæуы? Д ы р ы н. Оу мæнæ! Цæмæй дæ хæдзармæ мачи ба- цæуа. С и о н. Æмæ куы бацæуа, уæд цы? Уый æвзæр у? Уадз æмæ бацæуæд, цы мæ хъыгдары? Махмæ йæ лæгæты дуар ничи ’хгæны æхсæвæй-бонæй. Е г о р. Уый хорз у, фæлæ сын нырма æнæхгæнгæ нæй. Сион, нæ зынаргь æмбал, ацы хæдзар дын у нæ лæвар, кæд дæ зæрдæмæ цæуы, уæд уый махæн уыдзæн æхсызгон. С и о н. Ахæм диссаджы хæдзар мæн тыххæй сарæзтат? Мæнæ цы хорз у. Куыд уын раарфæ кæнон, уый дæр нæ зонын. Адæттæ мæ мад куы фенид, уæд мæм йæ зæрдæ нал æхсаид. Æмæ хуыссæнтæ дæр мæн сты? Г ы р ы м. Дæу сты, дæу. Ам дæу йеддæмæ ничи уыдзæн. С и о н. Мæнæ цы фæлмæн сты. Ам чи бафынæй уа, уый йæ адджын фынæйæ иу-цалдæр боны нал райхъал уыдзæн. Буз- ныг, мæ хæлæрттæ, бузныг. Цы дæсны стут аразынмæ. Мах хæдзар аразын нæ зонæм. Махæн хæдзар нæй. Уæгъдибар стæм, лæгæтты цæрæм... 282
Е г о р. Мæнæ дын уыдон та телевизор æмæ приемник. • С и о н. Æмæ сæ цы кæнын? Цæмæн хъæуынц? Цы сты? Е г о р. Исты хабæрттæм дæ байхъусын куы фæнда, кæ- нæ музыкæмæ, киномæ бакæсын, уæд-иу мæнæ ацы кънопкæйыл æрхæц æмæ скусдзæн. Ногæй та йыл куы æрхæцай, уæд ахуыс- дзæн. Кæс-ма, мæнæ афтæ. С и о н. Æмæ дзы гыццийы равдисдзысты? Е г о р. Чи зоны, дæ мады нæ равдисой, фæлæ дзы сыр- дты, мæргьты царды тыххæй хорз равдыстытæ вæййы. Æз сæм тынг æхсызгонæй фæкæсын. С и о н. Уый æцæг диссаг куы у. Ныр сæм æз дæр æхсыз- гонæй кæсдзынæн. Е г о р. Годо, цæмæй Сион æдасдæр уа, нæ зæрдæ йæм ма ’хсайа, уый тыххæй йæ радгай хъахъхъæнæм æхсæвæй-бонæй. Г ы р ы м. Æмæ йын цы тас у ам? Лагеры куы стæм? С и о н. Ам дæр бирæгътæ вæййы, мыййаг? Е г о р. Цы нæ вæййы... Исты йыл куы ’рцæуа, уæд... Д ы р ы н. Хъахъхъæнæг куыйтæ æрбакæндзыстæм, мæ- нæ сæ æрбахизæнты бабæтдзыстæм æмæ йæ уыдон хъахъхъæн- дзысты. С и о н. Нæ, нæ! Нæ хъæуы! Æз куыйтæй тæрсгæ кæнын, бирæгъы хуызæн мæм кæсынц. Ма сæ æрбакæнут. Г о д о. Егоры фæнд раст у. Лæппутæй кæй фæнды хъахъ- хъæнæгæй ныллæууын, уыдоныл номхыгъд скæнæм, график дæр сараздзыстæм. Е г о р. Номхыгъдмæ Сæгайы ма бахæссæм. Г ы р ы м. Цæуыннæ? Кæд разы уа, уæд уадз æмæ уый дæр иу-дыууæ æхсæвы бахъахъхъæна. Ницы йын уыдзæн. Е г о р. Нæ хъæуы... Фæлтау мæхæдæг уый бæсты дæр хъахъхъæндзынæн æмæ мæхи бæсты дæр. Г о д о. Нæ дæ ’мбарын. Дæ зæрдæ йыл нæ дарыс? Мах ныхмæ кæй радзырдта, ууыл хъуыды дæр ма кæн. Æрæмбардзæн йæхи. Æрхудцзæн йæхиуыл. Е г о р. Уый тыххæй нæ зæгъын... Фынæйуарзаг у æмæ... Ныффынæй уыдзæн... Смон нын фесæфдзæн... Г о д о. Цæй хорз. Нæ бахæсдзыстæм Сæгайы номхыгьд- мæ, нæхæдæг дæр фаг стæм. Ныр уал, Сион, ды дæ фæллад 283
суадз. Мах тынг æнæвдæлон стæм, бирæ хæстæ ныл ис. Хорз нæ бацæттæ кæнын хъæуы, нæ лагеры къордты ’хсæн тагъд цы æр- каст-конкурс уыдзæн, уымæ. Стæй нæм колхозонтæ дæр æнхъæл- мæ кæсынц — нæ концерт сæ зæрдæмæ фæцыд. С и о н. Хæрын æмæ цæрынæй уæлдай ма цавæр хæстæ вæййы? Г о д о. Нæ хæстæ бирæ сты, фæлæ дзы мах сæйрагдæ- рыл нымайæм... Е г о р. Ахуыр кæнын — иттæг хорз! Г ы р ы м. Пайдайаг куыст кæнын — иттæг хорз! Д ы р ы н. Нæ бæстæйы арæнтæ хъахъхъæнын æмæ са- бырдзинадыл тох кæнын — иттæг хорз! С и о н. Зæгъут-ма мын, лæпп\тæ, ардыгæй куы ацæуат, уæд та цы кусдзыстут? Г о д о. Æз хъуамæ каст фæуон астæуккаг скъола, стæй институт, уый фæстæ та ацæудзынæн кусынмæ хъæумæ æмæ уым цæрдзынæн. Уырдæм-иу нæм рацу. Е г о р. Цалынмæ ды ахуыр фæуай, æххæст лæг дæ рауайа, уæдмæ хъæутæн сæ кой дæр нал уыдзæн. Г ы р ы м. Куыд нал уыдзæн? Уæдæ цы фæуыдзысты? Е г о р. Нал уыдзысты. Баззайдзæн ма дзы, хохаг мæсгуы- тау, зæронд хæдзæрттæ, хъæууæттæ. Д ы р ы н. Адæм та цы фæуыдзысты? Марсмæ атæхдзы- сты цæрынмæ? Е г о р. Ничиуал баззайдзæн хъæуты — иууылдæр ралидз- дзысты горæттæм. Г о д о. Нæ-æ! Уый дæ ма бауырнæд. Хъæутæ сты æмæ уыдзысты. Е г о р. Мæ ныхас-иу бадарут уæ зæрдыл. Д ы р ы н. Кæд уæлæуыл ичъынайы калмау баззайон цæр- гæ, уæд мæ нæ ферох уыдзæн дæ ныхас æмæ дæм уæд ныхъхъæр кæндзынæн мæрдты бæстæм: "Ды раст уыдтæ, Егор! Амбылдтай!" Е г о р. Ды хъазгæ кæныс, фæлæ мæнмæ горæт кæсы стыр цъирæн машинæйы хуызæн. Уыцы машинæ кæны бонæй-бон тыхджындæр. Ныртæккæ уал æнцонæй æрбацъырдта æмæ аныхъ- уырдта гыццыл хъæуты. Тагъд æрбацъирдзæн æмæ аныхъуыр- дзæн иннæ хъæуты дæр. 284
Г о д о. Уæдмæ хъæутæ дæр æнцад нæ баддзысты. Е г о р. Тынг раст зæгъыс! Рæздзысты, рæздзысты æмæ сгорæттæ уыдзысты. Фæлæ хъæутæ нал уыдзæн. Г о д о. Чи зоны, мингай азты фæстæ. Фæлæ мæ нæ уыр- ны. Уæддæр хъæутæ уыдзæн. Æнæ хъæу цæрæн нæй. С и о н. Ныууадзут ма уæ хъæуты. Уадз æмæ цæрой. Фæлтау ма мын зæгъут: конкурсты, æркасты кой куы кодтат. Уыдон та цы сты? Радзурут ма мын сæ. Д ы р ы н. Дæ цæрæнбон нын бирæ, Сион, тынг раст зæгъыс. Сæ хъæуты хъысмæт абонмæ æрхастой. Ныртæккæ нæ уыдæттæм æвдæлы? Мах хъуамæ фæстейæ ма баззайæм æрка- сты. /Еркаст та у арæхстдзинæдтæ, дæсныйад æвдисын æзхуыз- дæронæй. Махмæ æркаст уыдзæн зарын, кафын æмæ цæгъды- нæй. Е г о р. Цомут уæдæ хибар ранмæ, кæннод ам Сионы хъыгдардзыстæм. С и о н. Æз фæллад нæ дæн. Мæн ницы хъыгдарут. Мæ- нæн ма æхсызгон дæр уыдзæн сымахмæ кæсын, сымахмæ хъу- сын. Ма ацæут, ам лæуут. Г ы р ы м. Æмæ цы мæнг зæгъы ам Сион: ам æцæгдæр хуыздæр у — ничи нæ хъыгдардзæн, ничи зондзæн, цæуыл кусæм, уый. Нæ программæ сусæгæй бацæттæ кæндзыстæм æмæ æнæнхъæлæджы æрвнæрæгау ныннæрдзыстæм. Г о д о. Фæуæд афтæ. Разы дæн. Рахæссут-ма уæдæ, цы нæ хъæуы, уыдон ардæм æмæ райдайæм. (Ацыдысты. Æрбаха- стой ирон адæмон инструменттæ. Чи далафæндырæй цæгъды, чи — хъисфæндырæй. Кæрæдзийæн амонынц кафын æмæ зарын. Æрбацыд Сæга æмæ сæм кæсы къафеттæ хæргæ). Д ы р ы н. Иу дзæбæх зарæг ма нæ куы уаид, иумæ кæй ныззарæм, ахæм. Е г о р. Зындгонд вокалон-инструменталон ансамблты за- рджытæй исты равзарæм. Г ы р ы м. Битылзы кæнæ Майкл Джексоны зарджытæй. Д ы р ы н. Кæд, Антонов кæй зары, уыдонæй. С æ г а. Æмæ уын æз цы ’мбарын уæ Битылзтæн æмæ уæ Антоновтæн. Ныззарæм "Фсатийы зарæг", "Уастырджийы зарæг". (Ныззарыд). "Фсатийæ зæронддæр, дауджытæм кæм уыд...". 285
Г о д о. Фæлæуу, фæлæуу! Ам ахæм зарджытæ нæ ацæ- удзысты. С æ г а. Уæд та "Чермены зарæг". Кæд æй сымахæй ничи зоны, уæд æй æз ныззардзынæн. (Зарынц "Чермены зарæг"). Г ы р ы м. Ног зарæг дзы хъæуы, фыццаг хатт чи айхъуы- са, ахæм. Годо, ды куы зоныс зарджытæ аразын. Æрхъуыды ма кæн иу хорз зарæг æмæ йæ мах ныиллæлæй кæнæм. Г о д о. Ис мæм, бæргæ, иу зарæг, фæлæ мын æххæст нæма фæци. Г ы р ы м. Нал æм хъæуы кæсын. Райдайæм æй ахуыр кæнын. Заргæ-зарын йæ ныхæстæ дæр хуыздæр сбадцзысты сæ бынаты. Г о д о (фæндыр райста. Ацагуырдта йыл хъæугæ мелоди æмæ райдыдта зарын. Иннæтæ дæр йемæ зарынц). Нæма у куыд æмбæлы, афтæ, фæлæ рауайдзæн. Г о д о (Егорæн). Конкурсы уыдзæн ахæм домæнтæ: да- рæсмæ гæсгæ хъуамæ базонай, сценæйыл кæй фæлгонц ис, уый. Ныртæккæ дæм мах иугай цæудзыстæм, кæддæра нæ базонис. (Ацыдысты. Бадынц Егор æмæ Сион. Æрбацыд зæронд лæг, йæ рахиз къухы егъау лæдзæг). У ы р ы з м æ г. Базон-базон, чи дæн æз? Е г о р. Ды дæ Уырызмæг. Нарты хистæр. Зондджын æмæ кадджын лæг. Дæ цардæмбал — Сатана. У ы р ы з м æ г. Раст зæгьыс. Фæлæ-иу хистæр куы ’рбацыд, уæд-иу ын кæстæртæ сыстадысты. Уый кад у хистæрæн, стæй кæстæрæн дæр. (Егор æмæ Сион фестадысты). Е г о р. Хатыр нын уæд. Никуыуал фæрæдидзыстæм. У ы р ы з м æ г. Рох уæ ма уæд — искуы сымах дæр зæ- рæдтæ уыдзыстут. (Ацыд. Егор æмæ Сион сбадтысты. Æрбацыд нæртон лæг æд хотыхтæ). Б а т р а д з. Уæдæ ма зæгъ, чи дæн æз, кæцæй дæн? Е г о р. Ды дæ, тыхгæнæг тых кæмæн нæ ардта, уыцы нæртон Батрадз. (Батрадз ацыд. Æрбацыд Сослан). С о с л а н. Ды мæн нæ базондзынæ. Е г о р. Кæйдæр хуызæн дæ, кæйдæр. С о с л а н. Мæхи хуызæн. Æнгæстæ, фаззæттæ мын нæй. , Е г о р. Даредзантæй дæ, мыййаг? 286
С о с л а н. Хъыг мын у тынг, кæй мæ нæ зоныс, уый. Е г о р. Фæлæуу, фæлæуу... Сослан... Сослан дæ ды! Нар- ты Сослан! Хъаруйæ, зондæй ничи æмбылдта дæу. (Сослан ацыд, æрбацыд Сырдон). С ы р д о н. Кæм бакастæ мæн тыххæй? Чи дæн? Е г о р. Дæу чи нæ базондзæн. Нарты кадджыты дæу тых- хæй бирæ хабæрттæ æмæ цаутæ ис фыст. Цыргьзонд, дзырда- рæхст. Адæмæн фыдбылыз, дæхи сæрæн та низ. С ы р д о н. Уæддæр мæ ном цы хуыйны? Е г о р. Дæ ном Сырдон. (Сырдон ацыд. Æрбацыд Ацæ- мæз æд уадындз). А ц æ м æ з. Цы зæгъдзынæ мæнæй та? Е г о р. 0, ды нæртон Ацæмæз дæ. Дæ цагъдмæ-иу, суанг ма хæхтæ, хъæдтæ, сырдтæ æмæ мæргътæ дæр сæ кафынæй нал æнцадысты. (Ацæмæз ацыд). С и о н. Зæгь-ма, Нартæ чи уыдысты? Е г о р. Нартæ? Нартæ уыдысты нæ фыдæлтæ, ирон адæ- мы фыдæлтæ. Тынг раджы заманты цардысты. Уыдысты тыхджын, хæстхъом адæм. Тых никæмæн кодтой, фæлæ сæ чи хъыгдардта, уымæн та хатыр нæ кодтой. Суанг ма хуыцæуттимæ-дæр схæцы- дысты. С и о н. Æмæ сæм сылгоймæгтæ нæ уыди? Е г о р. Куыннæ уыди? Радзурон дын сæ? С и о н. Уæдæ сын ам сæ дарæс цæуыннæ æвдисут? Е г о р. Сылгоймæгты дарæсæй та чызджыты фæрс- дзысты. Æрбацыд Иван Сусанин. Сыстадысты Е г о р æмæ Оион. Иван Сусанин сын бузныг загьта æмæ сæ сбадын кодта. Иван Сусанин. Мæ райгуырæн бæсты сæрап- понд æз радтон мæ цард — æддагон знæгты акодтон мæ фæдыл æмæ сæ бафтыдтон сæфты фæндагыл. Адæм мыл скодтой за- рджытæ, ис мыл фыст оперæ дæр. Чи базондзæн — чи дæн? С и о н. Æцæгдæр, чи у, чи? Зæгъ ма йæ, Егор. Е г о р. Фæлæуу, фæлæуу... Кæмдæр æй федтон... Ахъуы- ды кæнон... Борис Годунов нæ дæ? Ис ахæм оперæ. 287
Иван Сусанин. Нæдæн. Цы ис мæнмæ паддза- хы хуызæнæй? Е г о р. Базыдтон дæ — ды дæ къняз Игорь. Иван Сусанин. Нæ базыдтай. Нæ уыдтæн къняз дæр æз. Е г о р (театрдзаутæм). Сымах дæр æй нæ зонут?.. 0! Æрхъуыды дæ кодтон, — ныххатыр мын кæн — ды дæ Иван Суса- нин! Иван Сусанин! Иван Сусанин. Æцæгдæр афтæ. Базыдтай мæ. Фæлæ йæ зон — æркасты дын хъуыды кæнынæн уый бæрц рæс- тæг нæ уыдзæн. (Иван Сусанин ацыд). С и о н. Мæн дæр фæнды уыцы æркасты архайын. Е г о р. Кæсгæ бакæндзынæ, мах куыд арæхсæм, афтæ. С и о н. Нæ, нæ. Æз дæр дзы архайдзынæн — кафдзынæн æмæ кафдзынæн. Стæй дугъы уайын дæр мæ бар уадзут, мæ ра- зæй никæй ауадздзынæн. Æрбацыдысты Г о д о, Г ы р ы м, Д ы р ы н, С æ г а сæхи дарæсы. Г о д о. Æгъгъæд фæуæд. Æвзæр сæ нæ зоныс, Егор, фæлæ зындæр фарстытæ куы разына — дæхи бацæттæ кæн. Г ы р ы м. Æз мæнæ Сионæн радзурдзынæн Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ "Саг æмæ уызын". Кæд уæ зæрдæмæ фæ- цæуа, уæд æй конкурсы дæр радзурдзынæн. Г о д о. Хъæуы, хъæуы. Æмдзæвгæтæ дæр дзы хъæуы. Радзур ма йæ. (Гырым хибардæр æрлæууыд æмæ тынг аив радзырдта æмдзæвгæ. Æмдзæгьд ын кодтой). С и о н. Цы раст æй загьта. Æцæгдæр, мах сагмыггаджы нæй æвзæртæ, худинаггæнджытæ. Фыдгæнæг не стæм, никæйы хъыгдарæм. Мах уарзæм сабыр, уæздан, хæлар æмæ уарзон цард. Бакæсæд-ма исчи уызынмæ — махыл куыд абарста йæхи. Уызын дæ æмæ дæ бынат зон. Смæсты мæ кодта. Д ы р ы н. Хорз у, кæд дзы хуыздæр кæсджытæ нæ уа, уæд. Бахæссæм Гырымы æмдзæвгæ нæ программæмæ. Е г о р. Наукон-техникон революци йæ тæмæны куы ба- цыд, уæд мах æрмæст адæмон инструменттæй нæ ахæцдзыстæм. Уыцы хъуыддаджы нæ иннæтæ амбулдзысты. 288
Д ы р ы н. Ды нæ амæй изæрмæ уæгьд не суадздзынæ. Абон уал æгьгъæд фæуæд. Е г о р. Нæ, æххæст ма уыдон дæр фенæм æмæ ма нæ цæуыл кусын хъæудзæн, уый базонæм. Суворов куы загьта: ахуырты заманы æнцон куы уа, уæд тохы заманы зын уыдзæн. Фæлтау ахуырты заманы зынтæн бафæразæм æмæ нын тохы за- маны æнцон уыдзæн. Г о д о. Рахæссут ма сæ уæдæ дисплейæ, компьютерæй æмæ афæлварæм, кæддæра нæ чи хуыздæр арæхсы. (Æрбаха- стой дисплей, компьютертæ æмæ алыхуызон фæлварæнтæ). С и о н. Диссагæй цы нæ ис фенæн. Цытæ сты адон? Е г о р. Ног дуджы хъазæнтæ. Г ы р ы м. Ам дæр та Егор амбылдта. Сæр дæ бахъуыд Егор, нæ къорды кад бахъахъхъæнын дæумæ кæсы. Г о д о. Фидарæй мæ уырны: Егоры адонæй ничи амбул- дзæн нæ лагеры. Е г о р. Кæд дзы компьютерон музыкæ æмæ компьютерон мультфильмтæ нæ уа, уæд семæ стох кæндзыстæм. Мах клубы сæ райдайдзыстæм ахуыр кæнын ног азы. С æ г а. Арфæ уын кæнын. Хорз дæсныйад, хорз æнтыст- дзинæдтæ равдыстат. (Бацæуы алкæмæ дæр, йæ хызынæй сисы сырх стъалы æмæ та йын æй йæ риуыл нытътъæп кæны. Æртæ стъалыйы систа æмæ сæ йæхи риуыл æрсагъта). Адон мын уæхæдæг дæр радтаиккат. (Исдуг кæсгæйæ аззадысты Сæгамæ). Г о д о. Æмæ ды та кæм фесгуыхтæ? С æ г а. Куыд кæм? Фæрсырдыгæй уæм нæ кастæн? Д ы р ы н. Махæй иу дæр хæрзиуæджы аккаг нæу. Нæ ла- геры æппæты фæстаг бынат ахсæм, афтæмæй кæрæдзийæн хæр- зиуджытæ дæтгæм. Е г о р. Раст зæгъы Дырын. Бибитæй хъазын ныууадзæм. Зæрдиагæй райдайæм нæхиуыл кусын æмæ баййафæм раззаг- дæр къордты. Кæдмæ лæудзыстæм худинаджы бынаты? Г о д о. Алчи дæр нæ йæхимæ райсæд бæрæг, сæрма- гонд хæстæ æмæ сыл афтæ бакусæд, цæмæй æнæхъæн лагеры йæ разæй мачи фæуа. Æз мæхимæ исын адæмон инструменттыл цæгъдыны хæс. Гырым, ды та цы хæс исыс дæхимæ? Г ы р ы м. Кафынæй мæ ничи амбулдзæн. Стæй æмдзæв- гæтæ кæсдзынæн. 289
С и о н. Дугъы æз мæ разæй никæй ауадздзынæн, мæ къах куы фæдзæбæхдæр уа, уæд. Е г о р. Дисплейыл, компьютерæй æмæ шахмæттæй. Д ы р ы н. Туризм, альпинизм, дæргьмæ, хæрдмæ гæпп кæнын. С æ г а. Æз топпæй æхсынмæ дæсны дæн. Г о д о. Уымæй уæлдай ма нæ алчидæр хъуамæ зона, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр фысджыты, нывгæнджыты, компо- зиторты нæмттæ æмæ се сфæлдыстад. Е г о р. Мæнмæ гæсгæ дзы уыдзæн фарстатæ космонав- тты æмæ астронавтты тыххæй дæр. Чи сæ кæд атахт, стæй цавæр науыл. Г о д о. Ныр та цомут стадионмæ футболæй хъазынмæ. Райсом, ленк кæнынæй — ерыстæ. Уæдæ "Уæлахизы" колхозы соцерысы чи фæразæй, уыдонмæ дæр нырма арфæйы телтæ нæ арвыстам, текст хуыздæрхъуаг у. Ды уал, Сион, цалынмæ дæ къах сдзæбæх уа, уæдмæ дæ фæллад уадз. Æмбæрзæн. ДЫККАГ АРХАЙД ЦЫППÆРÆМ НЫВ С и о н ы хæдзар. С и о н куы телевизор скусын кæны, куы при- емник. Хъусы музыкæмæ. Ахуыссын кодта музыкæ. Æрæнкъард. Бандоныл æрбадт æмæ кæуы. С и о н. Дзæнæты царды бахаудтæн, фæлæ уæддæр мæ мады мысын. Нæ мæ хъæуы сыгьзæрин цард дæр æнæ гыцци. Мæхи гыцци, кæм дæ цымæ ныртæккæ? Тæхуды ныр дæ цуры куы фестин, дæ дæллагхъуыр куы атухин мæхи. Уæд та ды ам куы фе- стис... Гыцци, цæуыннæ стæм иумæ, цæуыннæ?.. Нæ, æз ам нал ныллæудзынæн, кæд мын цыфæнды хорз сты, уæддæр. Нал мæ хъæуы сæ буц æмæ сæ хъæлдзæг цард. Æрбацыдысты Г о д о, Г ы р ы м æмæ Д ы р ы н æд гита- рæ, С и о н фефсæрмы. Аивæй йæ цæстысыгтæ асæрфта. Г о д о. Æнкъард ма кæнай, мыййаг, Смон? 290
С и о н. Куынæ... Ницы кæнын æнкъард. Иунæг мæ куынæ уадзут. Цæмæн хъуамæ уон æнкъард? Г ы р ы м. Ныр дæр æрбацыдыстæм, цæмæй иунæг ма уай æмæ æнкъард ма кæнай, уый тыххæй. С и о н. Бузныг, стыр бузныг. Цас фыдæбон уын скодтон... Уæ рæстæг уын байстон. Хæрзаг мæ сфæлмæцыдыстут? Д ы р ы н. Уый та куыд загътай? Дæуæй фæлмæцæн ис? Æхсæвæй-бонæй дæм кæс æмæ кæс, уæддæр дæ уындæй нæ бафсæддзæни адæймаг. Г о д о. Ныртæккæ дын мах акæндзыстæм иу-дыууæ за- рæджы. Цæгъдгæ дæр дын акæндзыстæм, кæд дæ зæрдæ зæгъа, уæд. Æрмæст нын æнкъард ма кæн. Дæу цы бафæнда æмæ мах цы нæ бакæндзыстæм. С и о н. Азарут, кæд уын зын нæу, уæд. Æвæццæгæн, сы- мах мæ амондæн райгуырдыстут. Уæ ныхас уын куы фехъусын, уæд мæ зæрдæ ныррухс вæййы. Г о д о. Уæдæ нæм байхъус. (Зарынц). С и о н (æмдзæгьд сын кæны). Куыд хорз зарут. Мæ зæрдæ мын барухс кодтат. Фæлæ мæ зæрдæ тынг æхсайы мæ мадмæ. Куы йын загьтат, куы сдзæбæх уон, уæд мæ фæстæмæ кæй скæндзыстут. Æппындæр нал риссы мæ къах. Г о д о. Æмæ нæ дзырд куынæ сайæм. Мыййаг, кæд ам дæ зæрдæмæ нæ цæуы, кæд дæм фаг цæстæнгас нæй. Кæд дæ исчи бафхæрдта, кæд æххормаг аззайыс, уæд нын æй æргом зæгъ. С и о н. Цытæ дзурыс, Годо? Æз ахæм цард мæ фыны дæр нæ федтон. Уе ’ппæтæй дæр бузныг, уе ’ппæтæй дæр дæн рæвдыд. Цалынмæ цæрон, уæдмæ мæ рох нæ уыдзыстут. Уæ лæггæдтæн, уæ буц митæн кæрон куынæ ис. Г о д о. Мах дæр демæ сахуыр стæм æмæ нын æнæ дæу тынг æнкъард уыдзæн. Бæргæ мах нæ фæнды дæ ацыд, фæлæ дзырд радтам дæ мадæн. С и о н. Сымахмæ уæ ныййарджытæ цæуынц, кæрæдзи- уыл фæцинтæ кæнут æмæ уын æнцон у. Æз та? Мæ мад æй зон- гæ дæр нæ кæны, кæм дæн, куыд дæн. Бæргæ, куы зонид, куыд цæрын, куыд æрвитын мæ рæстæг, уæд мæм йæ зæрдæ не ’хса- ид æппындæр. 291
Г ы р ы м. Зоны йæ, куыннæ зоны махимæ кæй дæ, уый? Иу гыццыл ма немæ фæу, стæй дæ схæццæ кæндзыстæм. Цæмæй ныл худы дæ зæрдæ? С и о н. Адджын цай цымын, дзул мын тулут мыды. Алцы дæр уæм хорз у. Æнæ сымах мын зын уыдзæн, уый дæр зонын. Фæлæ мæ ауадзут нæхимæ. Æз ам хъаны цард кæнын, мæ мад та уым мæ мæтæй тайы. Чи зоны æмæ йын хæринаг дæр фаг нæй. Мæ разы куыд сты, уый разы дæр афтæ куы уаиккой, бæргæ. Д ы р ы н. Куыд кæсын, афтæмæй нал ныллæудзынæ. Дæуæн зын уа, кæнæ æвæндонæй цæрай, уый мах нæ фæнды. С и о н. Хæрам мæм ма фæут, фæлæ мæ куынæ ауадзат, уæд алидздзынæн. Нал у æнæ Гыцци мæ бон. Г ы р ы м. Афтæ гæнæн нæй. Фæндаг нæ зоныс, исты дыл æрцæудзæн. Иунæгæй дын уадзæн нæй. С и о н. Мады зæрдæ мын амондзæн фæндаг. Мадмæ цæугæйæ мæлæтæй тæрсын нæ хъæуы. Г о д о. Хорз. Разы стæм демæ. (Сион фырцинæй ска- фыд). Фæлæ дын’афтæмæй цæуæн нæй. Райсом дæ номыл стыр хъазтизæр сараздзыстæм æмæ дæ иннæбон афæндараст кæн- дзыстæм. Разы дæ ахæм уынаффæйыл? С и о н. Дæн, куыннæ дæн. Ахæм амонд мæм кæцæй ка- сти — нæ зонын. Бузныг, стыр бузныг уæ дæн. Æвæццæгæн, ахæм лæггад никуыма уыд махæн, сагтæн. Нæ хæлардзинад уæд æну- стæм. Æз æй мæ мадæн радзурдзынæн, стæй сагтæн се ’ппæтæн дæр æмæ сæ ныр адæймагæй ничиуал тæрсдзæн. Цæрдзыстæм хæларæй, уарзонæй, цæудзыстæм-иу кæрæдзимæ. Г ы р ы м. Зæгъ-иу сын, æппындæр мацæмæй тæрсæнт. Мах уæ хъахъхъæнзыстæм амæй фæстæмæ. Бацæудзыстæм æр- дзы æрыгон хъахъхъæнджыты æхсæнадмæ æмæ уæд арæхдæр æмбæлдзыстæм. Немæ-иу уын хуынтæ — хæринæгтæ хæсдзы- стæм. Иумæ хъаздзыстæм, нæ фæллад уадздзыстæм. С и о н. Æцæг? Цы хорз у. Æз та уын фенын кæндзынæн, хъæды цыдæриддæр хорздзинæдтæ ис, уыдон. Г о д о. Цомут, лæппутæ, нæхи цæттæ кæнæм райсоммæ. Ды дæр, Сион, дæхи бацæттæ кæн. С и о н. Æз кæддæриддæр цæттæ дæн. Æнхъæлмæ уæм кæсдзынæн. Рагацау-иу рацæут, цас раздæр, уыйас — хуыздæр. Д ы р ы н. Райсоммæ уал. Концерты фембæлдзыстæм. 292
Лæппутæ ацыдысты. С и о н хъæлдзæгæй гæппытæ кæны. Стæй та æрынкъард. Рудзынгæй кæсы æдцæмæ. Æрбахызт С æ г а, йæ иу къу- хы дидинджытæ, йе ’ннæйы — къафеттæ. Аракæс-бакæс кодта. С æ г а. Дæ бон хорз, Сион. (Смон фесхъиудта æмæ йæм фæзылд). Куыд иунæг дæ ацы хатт? Æппындæр никæуыл æууæн- дынц. Мах та сæм хæлæг кæнæм. Мах дæр фæнды демæ хъазын, демæ тезгъо кæнын, фæлæ нæм ды де ’ргом не здахыс. Æмæ дыл мах уыдонæй хуыздæр бацин кæндзыстæм. С и о н. Æгас цу, абон райсомæй куы фембæлдыстæм. С æ г а. Ды ахæм дзæбæх, ахæм рæсугьд дæ, æмæ дын алы сахат дæр салам дæттын æмбæлы. Зонын æй: æнкъард кæ- ныс, æз дæр дыл мæт кæнын, фæлæ ницыма æрхъуыды кодтон. Айс мæ лæвар: дидинджытæ æмæ къафеттæ. С и о н. Къафеттæ та циу? Цæмæн хъæуы? С æ г а. Уыдон адцжын хæринæгтæ сты, дæ зæрдæмæ фæцæудзысты. Ахæр ма дзы. С и о н. Бузныг, нæ хъуыди. Бузныг дæн уе ’ппæтæй дæр, æнкъард кæнын мæ нæ уадзут. Мæ мады афтæ тынг мысын æмæ мæ кæуын мæ хъуырмæ схæццæ вæййы, фæлæ сымахæй нæ ба- уæндын кæуын — фефсæрмы вæййын, зæгъын æй уæхимæ куы бамбарат. С æ г а. 0, æнæ мадæй зын у... Махмæ дæр дæ хуызæн саджы лæппын ис. С и о н. Æцæг? Æмæ уын кæм уыди? Куыд бахауди сы- махмæ? С æ г а. Мæ фыд æй хохæй æрхаста. Хæрз чысыл ма уыд. Йæ мады йын чидæр амардта... Сидзæрæй баззад æмæ куыдта. С и о н. Мæгуыр йæ бон. 0 уыцы марджытæ, уæ мыггаг аскъуыйа. Рæзгæ сабийы сидзæрæй фæуадз?! С æ г а. Тынг æхсызгон ын уаид дæ фенд. Йæ цæстысыгæй нал æхсид йæхи, йæ талынг цард ын ныррухс кæнис, бæргæ. Стæй дæхи дæр аирхæфс, фæсмон нæ фæкæндзынæ. Цом, цом мемæ. С и о н. Æмæ йæ ардæм цæуыннæ ракодтай? Уым иунæг у, ам та бирæ стæм. С æ г а. Ардæм зæгьыс? Ардæм... Мæ фыд нæхимæ нæ уыд; æнæ уый бафæрсгæ йын гæнæн нæй. Цом, улæфты рæстæг у æмæ згьорæм, фæстиат ма кæн. 293
С и о н. Цæй ныууадз мæ. Куы йæ зоныс ныртæккæ цæу- гæ кæнæм нæхимæ, мæ мадмæ. Ныфс мын куы бавæрдтат. Сай- гæ мæ кæнут? Ницы мæ хъæуы, æз гыццимæ цæуын. С æ г а. Зонын æй æмæ æз дæр уымæн тагъд кæнын. Æн- дæр гæнæн, æндæр фадат мын нал уыдзæн. Иу ныхас дæр нал, цом, цом, згъорæм, тæхæм. С и о н. Æнæ бафæрсгæ? Æмæ уæд Годоитæ цы зæгъ- дзысты? Нæ, сæ зæрдæ мыл фæхуддзæн. С æ г а. Хъуыды дæр æй ма кæн. Уыдон нæ зонгæ дæр нæ бакæндзысты. Уæдмæ фæстæмæ фездæхдзыстæм. С и о н. Хорз, разы дæн демæ. Æрмæст мæм ам фæлæуу, зæгъон сын демæ кæй цæуын, уый. С æ г а. Æппындæр ма ууыл ма тыхс. Æз Егорæн зæгъ- дзынæн æмæ сын уый фехъусын кæндзæн. Цом, цом. Рæстæг ма сафæм. С и о н. Цæй, кæд тагъд фездæхдзыстæм, уæд цом. (Фæ- цæуынц. Сæ размæ фæци Егор). Мæнæ Егор дæр. Зæгъ ын, кæ- дæм цæуæм, уый æмæ цом. С æ г а (Егорæн). Махмæ цæуы. (Йæ цæстытæ йæм аивæй сдзагьултæ кодта). Фæлæ куыд баныхас кодтам, афтæ. Хъусыс? Рох дæ ма уæд! Куыд дын загътон, афтæ! С и о н. Мах, мæнæ Сæгатæм цы сидзæр саджы лæппын ис, уый фендзыстæм æмæ фездæхдзыстæм. Е г о р. Цавæр саджы лæппын?.. Годоитæ дæ агургæ куы кæнынц, тагъд, дам, æй йæ мадмæ кæнын хъæуы æмæ, дам, ауынаффæтæ кæнæм. Æнхъæлмæ дæм кæсынц. Мæн дæумæ рарвыстой. С æ г а. Куы ’рбаздæхæм, уæд-иу уынаффæтæ кæнæнт. Цом, Сион. Е г о р. Сион, байхъус мæм, уый гæнæн нæй. Мæн фæр- сгæ кæндзысты. Æнæ дæу сæм куыд аздæхон. Ма ацу, фæрæ- дидзынæ. С æ г а. Æз дын куы загътон цы хъæуы, уый, цæмæ ма лæууыс? Цæугæ! (Бартхъирæн та йæм кодта сусæгæй). Е г о р. Сион, мæ зæрдæ дыл худы. Æвæццæгæн, ды мæн, Годоиты æрдумæ дæр нæ дарыс, дæ мады дæр нæ уарзыс. Уæдма дæ цæссыгтæ цы калдтай? 294
С и о н. Цытæ дзурыс, Егор! Мæнæн зæххыл мæ мадæй- зынаргъдæр куы ницы ис. Годоиты ме ’фсымæртау уарзын. Егор, цæмæн мæ ’фхæрыс? Хорз, хъусын дæм, фæлæ мæнæй афтæ ’нхъæл ма у. Сæга, æндæр хатт ацæудзыстæм сымахмæ. (Азгьор- дта). С æ г а (йæ фæдыл). Ныртæккæ дын æз дæ маст райс- дзынæн. (Тымбыл къухæй нæмы Егоры. Егор ахауд). Иннæ хатт дæ бырынкъыл хæцдзынæ, куыдзы хъыбыл! (Ацыд. Егор зынтæй сыстад, йæхи æрсæрфтытæ кодта, бацыд айдæнмæ, сæрфы йæ цæсгом). Е г о р. Нæ, Сæга, æз дын Сионы ’фхæрын нæ бауадздзы- нæн... Кæд дæ искуы мæ маст райсин. Æнæсæрымагъз, цъаммар, фосы мыггаг. Ехх, æдых цæмæн фæдæн, æдых? Нæ, Сæга, ацы бафхæрд дын нæ батайдзæн. (Уæззаугай фæцæуы). Æз мæхиуыл кусын райд’айдзынæн, боксмæ дæр бацæудзынæн æмæ дæ мæ маст райсдзынæн... Æмбæрзæн. АВАНСЦЕНÆ Æрбацæуынц бæлццонарæзтæй Г о д о, Г ы р ы м, Д ы р ы н, Е г о р, С æ г а æмæ С и о н. Г о д о. Цомут, цæмæй рухсæй фæстæмæ раздæхæм. Сергей Петровичæн дзырд радтон. Баууæндыд ныл æмæ йæ асайыны бæсты фæлтау мæлæтыл дæр разы дæн. С и о н. Годо, æмæ дæ бæндæн та цæмæн хъæуы? Г о д о. Нæ херы дæ зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ дын ахæм сараздзыстæм уæхимæ, кæм дæ фæнды, уым. Куы-иу æй фенай, уæд-иу мах æрымысдзынæ. Хъеллау кæндзынæ... С и о н. Æз уæ æнæуи дæр никуы ферох кæндзынæн... Гырым, ды та цы хæссыс дæ хызыны? Г ы р ы м. Хæринæгтæ дæуæн æмæ дæ мадæн. Ома хуын. С и о н. Ницы хъуыди, бузныг, цæмæн фыдæбæттæ кæнут? Е г о р. Номæвæрæгæй лæвар вæййы. Зæрдылдарынæн дын мæхи арæзт чысыл телевизор. Ис дзы приемник, стæй къа- 295
мисæн дæр. Æркъæпп æй кæн æмæ дзы хуызджын къам рагæпп кæндзæн. Куы дæ бафæнда, уæд хуызджын телевизормæ кæс- дзынæ, дæ уарзон цæгъдтытæм хъусдзынæ. С и о н. Бузныг, мæ номæвæрæг. Диссаджы лæвар у, кæд дзы пайда кæнын базонон, уæд. Е г о р. Æз дæ сахуыр кæндзынæн. Хæрзæнцон у. Мæнæ уыцы цæппузырыл куы ’рхæцай, уæд скусдзæн телевизор, ногæй та йыл æрхæц æмæ ахуысдзæн. Мæнæ уый та приемникы цæппу- зыр, мæнæ уый та — къамисæны. Д ы р ы н. Цæй æмæ иумæ нæ къам сисæм. Кæннод ма кæд фембæлдзыстæм иумæ. С и о н. Къам та цы у? Кæцæй йæ сисын хъæуы? Г о д о. Мæнæ ацы аппаратæй куы акæсай, куы йæ ’ркъæпп кæнай, уæд дзы цы федтай, уыдоны ныв баззайдзæн истæй. С и о н. Æмæ ды та? Ды дæр хъуамæ немæ уай, Сион. Е г о р. Уыдзæн, уыдзæн. Æрлæуу-ма астæуæй, Сион. Ап- парат хæд ифтындзгæйæ у æмæ нæ йæхæдæг сисдзæн. Æри-ма йæ. Ныртæккæ йæ æз æрцараздзынæн. Æнгомдæр ма æрлæуут. Хорз. Хъæлдзæгдæр. (Йæхæдæг дæр базгъордта æмæ сæ цуры абадт. Аппарат ныкъæрцц кодта). Цæттæ у. (Бауад аппаратмæ æмæ дзы систа цалдæр къамы). Кæсут, цы стут, уымæй ноджы рæсугьддæр рауадыстут. Г о д о. Нæ рæстæг æгæр сафæм. Сион, кæд дын фаг лæггад бакæнын нæ бафтыди нæ къухы, уæд нын ныббар. Иннæ фембæлды йæ фæхуыздæр кæндзыстæм. Цомут. (Фæцæуынц. Сæга лæугæйæ баззад). С æ г а. Цæй, Сион, фæндараст фæу. Мемæ кæй не сра- зы дæ, ууыл фæсмон фæкæндзынæ. Кæй аххос уыди, уый та мын кæдæм ирвæздзæн. (Бакаст Егормæ). Г о д о. Рацæут. Рæстæг ма сафæм. Тагъд кæнын хъæуы. С æ г а. Æз дын тæригъæд кæнын, Сион, æппындæр ни- цы ’мбарыс? Иу хатт дæ мардтой æмæ æнæнхъæлæджы аирвæз- тæ — нæмыг дæ зæрдæйыл нæ сæмбæлд. Ныр та ногæй семæ цæуыс, цæмæй ацы хатт сæ гæрах ма фæмæнг уа, уый тыххæй. С и о н. Рацу, рацу. Хынджылæг ма кæн. Куы йæ зонис, мах- мæ куыд рæсугьд у, уый, уæд нæ зивæг кæнис. Цом, цом, Сæга. Е г о р. Цæй-ма, цы йæм хатут? Уадз æмæ лæууæд. 296
С æ г а. Нæ, Сион, мемæ дæ нæ бафæндыд цæуын, ныр та æз нæ цæуын демæ! Никуы дын æй ферох кæндзынæн. С и о н. Нæ, нæ! Æз нæ ацæудзынæн æнæ Сæга. Цæмæн хъуамæ баззайа ам? Хъыг мын уыдзæн, мæ зæрдæмæ хæсдзы- нæн йæ лæггæдтæ, йæ буц митæ, йæ ныхæстæ. Цом, Сæга, ку- рын дæ, лæгьстæ дын кæнын, цом немæ. Д ы р ы н. Цæй-ма, дæхи нын цы сбуц кодтай?! Йæхимæ мын дзы хатын чи не ’рдомдзæн. Ныууадзут æй, цæуæм нæхæ- дæг. С и о н. Ницыхуызы дæ ныууадздзынæн. Кæд мын аргь кæныс, уæд цом немæ. Мæ циндзинад мын ма фенад кæн. Æмбæрзæн. ФÆНДЗÆМ НЫВ Тархъæд. Бæлæсты бынты æрбацæуынц Г о д о, Г ы р ы м, Д ы р ы н, Е г о р æмæ С æ г а, сæ разæй С и о н, афтæмæй. С и о н. Тыхсгæ ма кæнут, ныртæккæ бахæццæ уыдзыс- тæм. Г о д о. Сион, ныхъхъæр ма кæн дæ мадмæ, кæд ам ис- куы ис, мыййаг. С и о н. Гыцци! Гыцци! А-у! Хæрз чысыл ма æмæ бынаты уыдзыстæм. 0, мæнæ мæ хъазæн фæз, мæ уарзон бынат! Ам æр- лæуут, ардæм ын æнæрбацæугæ нæй. Бон ардæм цалдæр цыды фæкæнæм. Гыцци! Ардæм рацу! Кæм уа уæдæ, мæ зæрдæ рис- сын райдыдта. Рынчын ма фæуæд, мацы йыл æрцæуæд. (Рауай- бауай кæны). Г о д о. Тугдзыхтæ йыл ма фембæлæд, æндæр ын цы тас у. С и о н. Бирæгътæ кæм вæййынц, уый зоны, бирæгьтæй хорз хъахъхъæны йæхи дæр æмæ мæн дæр. Гыцци! Ардæм! Ар- дæм! (Æрбайхъуыст Саджы хъæр:) "Мæ хъæбул! Кæм дæ?". С и о н. Мæнæ стæм, мæнæ! Æрбазгъордта С а г. Йæ хъæбысы ныккодта С и о н ы, пъатæ йын кæны. Сæ цинæн кæрон нал уыд. Дыууæйæ дæр фырцинæй скуыдтой. 297
С а г. Мæ хъæбул, мæ хъæбул! Бахатыр кæнут, лæппутæ, кæрæдзиуыл фестæм, æгас цæут. Мæнæ ацы дыууæйы нæ зонын. Æгас цæут. С и о н. Мæнæ уый Егор хуыйны, мæ номæвæрæг, ацы лæвар дæр мын уый радта. Мæнæ уый та Сæга хуыйны, тынг уазæгуарзон лæппу у. Цалдæр хатты мæ сæхимæ хуыдта зæрди- агæй, фæлæ мæ къухы нæ бафтыд. С а г. Равдис-ма, мæ хъæбул, куыд у дæ къах? Риссы ма дын? С и о н. Цытæ дзурыс, гыцци. Мæнæй рох дæр фæци. Кæс-ма. (Скафыд). Мæ хæлæрттæ мæм ахæм дохтыртæ æрба- кодтой, æмæ мæ сæхи хъæбулау дзæбæх кодтой. Цыбыр рæстæг- мæ хъæдгомæн йæ фæд дæр нал баззад. С а г. Мæ уд сæ нывонд, сыгъзæрин къухтæ кæмæн ис. Г о д о. 0, Зелимхан Заурбековичы мæрдтæгасгæнæг хо- нынц. Сионы къах уымæн цы адзæбæх кæнын хъуыд. С а г. Смон та чи у? С и о н. Уый æз дæн, мæ ном у Сион. Рагæй дæр, дам, ирон адæм сагты Сионтæ хуыдтой. Г ы р ы м. Нæ мады хай. Дæуæн дæр не ’ппæты номæй хуын æрбахастам. Алыхуызон хæринæгтæ, кæд дæ зæрдæмæ фæцæуой, уæд нын уыдзæн æхсызгон. (Дæтты йæм хызын). С а г. Бузныг, мæнæ мын мæ хъæбулы кæй æрбахæццæ кодтат, уымæй хуыздæр хорздзинад мæн нæ хъæуы. (Сионæн). Æмæ цæргæ та цæмæй кодтай? Не стыхсын кодтай дæ фысымты? С и о н. Нæ, гыцци, тынг хорз мын уыд уым, фæлæ уæд- дæр мад, мад. (Ныхъхъæбыс та кодта йæ мады). Г о д о. Цæй, махæн бахатыр кæнут, рæстæг нын нал ис. С а г. Бæндæн уæм куы ис, сугтæ ласут уемæ? Г о д о. Нæ. Сионы зæрдæмæ херы фæцыди æмæ йын ам дæр хъуамæ саразæм херы. С а г. Херы та циу? Д ы р ы н. Хъеллаугæнæн. Мæнæ йæ афтæ бæласыл бæрзонд бабæтт, сбад дзы, хæц ыл дыууæ къухæй, азгъор фæс- тæмæ, стæй дæ къæхтæ фелвас, дæхи размæ асхой æмæ хъел- лау кæн. Г ы р ы м. Афтæмæй йæ нæ базондзæн. Аразгæ йæ скæ- нæм. 298
С и о н. Цомут, лæппутæ, уæртæ уым лæзгъæры дыууæ. дынджыр бæласы — раст цыма херыйæн æрзадысты, — уыдо- ныл æй сæвæрæм. Гыцци, ды уал дæ хуынмæ ’ркæс. Ахæм хæ- ринæгтæ никуыма бахордтаис. Адæймаг нæ ирвæзынгæнæг, нæ дарæг у. С а г. Мæ хъæбул, дард ма ацæут, лæппуты цæуын хъæуы. (Ацыдысты иууылдæр Сагæй фæстæмæ. Саг архайы хызынимæ). Цымæ мын цытæ æрбахастой, сæ цæрæнбон бирæ уа, куы сæ фе- нин. (Хызынæй цыдæр хæринæгтæ сисы, ахæры дзы æмæ та сæ фæстæмæ нывæры). Мæнæ цы хæрзад сты! Цымæ сæ куыд кæ- нынц, цæмæй сæ кæнынц. Ахæм хæринæгтæ махæн куы уаид, уæд... (Цæмæйдæр фæтарст). Æнахуыр къæхты хъæр мæ хъустыл ауад. Чи уа, цы уа? Мæ хъæбулыл, сывæллæттыл мацы æрцæуа. Ауайон сæм... Æллæх, уæртæ иу лæг æрбацæуы, мардзæн сæ. (Алыгьд. Æрбахъуызыд Агко æд хъримаг). А г к о. Табу дæхицæн, Фсати, мæ размæ та мын æрба- скъæрдтай дæ лæвар. Кæс ма, кæйдæр цуанæтты хæринæгтæ куыд хордта. (Йæ фæдыл ахъуызыд. Фæцыд гæрах. Саг йæ туг калгæ æрбазгъордта, æрхауд. ÆрбахызтАгко). Ахæм рæствæндаг никуыма фæдæн. (Хъуысы хъæлæба). Чи сты уыдон? Егертæ ма уæнт? Лидзын хъæуы. (Ахъуызыд. Æрбазгьордтой лæппутæ æмæ Сион). С и о н. Гыцци, гыцци! Цы кодтай! Ракæс ма мæм! Чи уыд? Чи дæ фехста? С а г (схæцыд йæ сæрыл). Иу цъаммар лæг мæ марæг... Дæхи дзы хъахъхъæн, тугдзых у... Амард. С и о н кæуы. Г о д о (кæсы саджы мардмæ). Ард дын хæрæм, цалын- мæ дæ марæджы не ’рцахсæм, уæдмæ нæхимæ кæй нал аздæх- дзыстæм, уый тыххæй. Ныр та йæ фæдыл! Чи йæ фена, уый ин- нæтæм хъæр кæнæд. Иугæйттæй йын ницы бакæндзыстæм. Хæ- цæнгарз æм нæ уыдзæн — афонмæ йæ бамбæхста, цæмæй зæгъа "æз нæ уыдтæн". Дард нæ уыдзæн. Куыдз йæ холыйæ дард нæ фæцæуы. Рæвдз лæуут, тæссаг знагæн ауадзæн нæй. Фæлтау — мæлæт! (Алыгъдысты. Фæзынд Сергей Петрович, йæ къухы Аг- койы хъримаг). 19 Царды хос 299
Сергей Петрович. Цы ’рцыди ам? Цæй гæ- рах уыд? Чи фехста? Сион куы дæ, цы хабар у? С и о н (кæугæйæ). Чидæр мын мæ мады амардта. Сергей Петрович. Кæм сты лæппутæ? Иумæ куы уыдыстут? С и о н. Марæджы агурынц... Сергей Петрович. Ссардзыстæм уыцы туг- дзых сырды. Дæ мады мард ын нæ ныххатыр кæндзыстæм. (Ацыд. Æрбазгьордта Годо). Г о д о. Диссаг. Цыдæр къæхтыхъæр, цыдæр ныхæстæ ауад мæ хъустыл... Æви мæм афтæ фæкаст. (Æрбацыд Сæга). С æ г а. Федтон æй, федтон! Фæлидзы уæртæ уыцы ’рдæм. Мæ фæдыл, тагъд, баййафæм æй. (Азгъордтой Годо æмæ Сæга). С и о н. Мæгуыр мæ бон, цы ма кæнон, куыд ма цæрон... Цы уыдзынæн æнæ дæу, мæ зынаргь гыцци. (Кæуы. Фæзынд Аг- ко. Сионы ауыдта, сласта йæ фарсылауыгъд цуаноны кард æмæ йæм фæцæуы. Фæссценæйæ æрбайхъуыст Егоры тарст хъæр). Е г о р (фæссценæйæ). Сион, мары дæ!!! (Агко алыгьд. Æрбазгъордта Егор). Ардæм ут, ардæм! (Æрбазгьордтой лæппу- тæ). Федтон æй, ам уыд ныртæккæ. Сионы дæр ма фæцæй мар- дта. Цомут рæвдздæр йæ фæдыл, кæннод аирвæздзæн. Г о д о. Чи уыд? Кæцырдæм алыгъд? Уымæн дард лидзæн нæй — куыдз йæ холыйæ дард нæ фæцæуы. С и о н. Æз дæр æй федтон, бирæгъау мæ уæлхъус алæ- ууыд... Егоры хъæрæй фæтарстæн æмæ уыцы иу гæпп акодтон. Уый та уæртæ хъæдмæ балыгъд... Г ы р ы м. Æрцахсæм æй, ныххурх æй кæнæм! Дырын, ды херыйы бæндæн æрбадав. Цомут! Сергей Петрович. Фæлæуут! Кæдæм тæ- хут? Дзæбæх стут иууылдæр? Куыд æрцыд ацы æвирхъау хабар? Чи уыд? Е г о р. Сергей Петрович, махæн ницы у. Саджы чи амар- дта, уый æз федтон. Кардæй ма мæнæ Сионы дæр фæцæй мар- дта. Мæнæ уыцы ’рдæм фæлидзы. Асурæм æй, ’рцахсæм æй. Сергей Петрович. Уæ фæдыл рацыдтæн — мæ зæрдæ уæм æхсайдта. Ардыгæй топпы хъæр фæцыд. Раз- 300
гъордтон. Мæ размæ иу бæласы мæрайæ зынд мæнæ ацы хъри- маг. Ныр дæр ма йæ дзыхæй фæздæг кæлы. Æрбазгьордтон ар-' дæм æмæ дын ахæм фыдбылыз —Сион кæуы йæ мады мардыл. С æ г а хъримагмæ æдзынæг ныккаст æмæ йæ былтæ ахсын-ахсын кæны, йæ амонæн æнгуылдзы цармыл дæндагæй æрхæцы: базыдта йæ фы- ды хъримаг, фæтарст, зыр-зыр кæны. Г о д о. Цомут тагъдцæр, кæннод аирвæздзæн. Сергей Петрович. Ирвæзгæ нал акæндзæн, фæлæ йæм æввахс мачи бацæуæд. Уæхи дзы хъахъхъæнут. Ахæм æнæзæрдæ, æгъатыр тугдзых йæ хъæбулыл дæр нæ бацауæрд- дзæн. Мæхи бар æй уадзут. (Ацыд). Г ы р ы м. Цомут, иумæ йæ æрцахсæм. Æцæг тæссаг у, уæд та Сергей Петровичы фæстæрдыгæй кардæй ныццавта. Егор, ды Сионы цур фæлæуу, иунæгæй йын уадзæн нал ис — уыцы куыдзы тугæй æхсад та йæм куы фæзына. Кæрæдзимæ ’ввахс цæут. Е г о р. Хорз, æз ам фæлæудзынæн, федтон æй, цы хуы- зæн у, уый. Базондзынæн æй уайтагьд. (Ацыдысты Годо, Гырым, Дырын. Сæга цы акæна, уый нæ зоны. Катай кæны. Ацыд сæ фæ- дыл). Фæхæц дæхиуыл. Смон, де знаджы дын æрцахсдзыстæм æмæ дзы райсдзыстæм дæ мады туг. Æрбалыгъд А г к о. Йæхи ницызонæг акодта. А г к о. Уæ бон хорз... Ам цы агурут? Цы хабæрттæ уæм ис?.. (Ракæс-бакæс кæны). Е г о р. Цы ма дæ ферох? Нæ! Нæ дын æй бауадздзынæн марын! Фæлтау мæн цæв дæ кардæй. (Хъæр кæны). Ардæм ут!!! Мæнæ ис! Тагъд, ардæм, Сионы мары! Сион, лидзгæ, мары дæ! А г к о. Кæдæм хъæр кæныс? Æрра фæдæ? Æз никæй ма- рын. (Сион алидзы æмæ та йæ мадмæ фездæхы. Агко йæхи фæ- цæуæг кодта, фæлæ Егор йæ разы æрлæууыд). Е г о р. Нæ, нæ дæ ауадздзынæн. Ам фæлæуу, ныртæккæ иууылдæр æрбацæудзысты. А г к о. Айс дæхи мæ разæй, къулбадæг! Бакæс-ма амæ дæр. (Егор та йыл ныххæцыд. Агко йæ асхуыста. Уыцы рæстæджы æрбахæццæ сты Годо, Гырым æмæ Дырын). 301
Е г о р (лæппутæм). Хæцут ыл! Лæппутæ фæйнæрдыгæй æрбазгьордтой А г к о м æ, сæхи йыл баппарынц, фæлæ дзы уый куы иуы асхойы, куы — иннæйы. Г ы р ы м ын йæ къæхтыл ныххæцыд. А г к о ахаудта. Лæппутæ йыл ныккалдысты æмæ йæ стын нал уадзынц. Г о д о. Дырын, тагъд бæндæн! Гырым, къæхтыл фидар хæц. Егор, ды иу къухыл, æз иннæ къухыл! Д ы р ы н æрбаскъæфта бæндæн æмæ дзы фидар сбастой А г к о й ы. Е г о р. Сион, нæ дын загътон, ссардзыстæм æй. Ракæс, мæнæ дæ мады марæг. Цъаммар адæймаг. (Æрбацыд Сергей Петрович. Йæ фæстæ æрбахызт Сæга). С æ г а. Баба! Уый ды... Ды йæ амардтай? Нæ, нæ, ды нæ уыдтæ!? Суадзут æй. (Иууылдæр джихæй лæууынц). Сергей Петрович (Агкойæн). Худинаг дын нæу!? Дæхи æрдзхъахъхъæнджытæй куы хуыдтай æмæ дæхæдæг фыдгæнджытæй фыддæр куы разындтæ! Адæймаг дæ æви зыд бирæгъ? Дæ къух куыд систай æрдзы фидыцмæ? Хъæбулты мад- мæ?! Е г о р. Сергей Петрович, ацы лæг уыд, æндæр ам ничи ис. Æз æй куынæ ауыдтаин, уæд Смоны дæр амардтаид кар- дæй. А г к о. Кæуыл æууæндыс, Сергей Петрович, кæмæ хъу- сыс? Æз ницы федтон, ницы зонын. Мæ куысты фæдыл хъæды ра- зил-базил кодтон, адон мыл сæхи ныццавтой æмæ мæ сбастой, уый циу? Уый тыххæй уæ дзуапп дæттын кæй бахъæудзæн, уый уæ рох ма уæд. Суадзут мæ, æндæра уæ митыл фæсмон фæкæн- дзыстут. Сергей Петрович. Сæга, ацы хъримаг кæй у? С æ г а. Бабайы. (Фæтыхст, аххосджыны каст кæны Аг- комæ). А г к о. Банцай, куыдзы хъæвдын! Кæцæй у мæн?! Уынгæ дæр æй куы никуы фæкодтон. Сергей Петрович. Закъоны лæг, æрдзхъ- ахъхъæнæг! Бирæгъæй фысгæс скодтой. 302
Е г о р. Сергей Петрович, йæ фырт дæр йæхи хуызæн уыдзæн. Сæга цалдæр хатты хъавыд Сионы лагерæй адавынмæ.' Мæн дæр ардыдта, йæхицæн мæ æмбал кодта. Г ы р ы м. Сайыс. Æмæ нын æй уæд цæуыннæ загътай? Е г о р. Мæхи хæрын фæсмонæй... Сионы йын нæ бауагъ- тон давын æмæ мæ ныххоста... Д ы р ы н. Æмæ нын уый дæр нæ загътай, нæ? Е г о р. Марынæй мæм æртхъирæн кодта... Сергей Петрович. Кæсыс, Агко, дæхæдæг сæфт, фæлæ ма дæ сабиты дæр сафыс. Дæхиау сæ тугдзыхтæ аразынмæ хъавыс. Е г о р. Бабайæ фехъуыстон, сау хохæй, дам, урс дур нæ тулы. Сæга дæр йæ фыды хуызæн уыдзæн, тугдзых. С æ г а (кæуынхъæлæсæй). Тулы! Тулы! Æз ахæм нæ уыдзынæн! Æз марæг нæ уыдзынæн!.. Сион, ныххатыр мын кæн. Сергей Петрович, ныххатыр мын кæн... Егор, ды дæр... (кæуы). Сергей Петрович. Сæ тæригъæд сын фæ- хæсс, Агко, ацы сабитæн, сæ циндзинад сын маст æмæ хъыг фе- стын кодтай, зæрдæдзæфтæ сæ фæкодтай. Цæй хъомылгæнæг, цæй фыд дæ ды?! С и о н. Цы бакуыстай, хорз лæг?.. Баба дæ куы хоны Сæ- га... Цы дын кодтам?.. Лæппутæ, тæрсгæ дзы кæнын, бахæрдзæн мæ, амардзæн мæ... Г о д о (Агкойæ). Йæ кард ын байсæм. Цы фæци дæ кард? Сергей Петрович. Æри дæ кард! Æууæнк дыл нæй, ды, æвæццæгæн, райгуырдтæ фыдракæндæн! А г к о. Уæ зонд фæцыд? Æз нæ уыдтæн! Цæй карды кой кæнут? Нæй мæм кард. Е г о р. Уыди дæм, уыди! Æз дæм æй федтон. Дæ къухы уыд дынджыр кард, дæ фарсæй йæ сластай æмæ дзы Смоны фæ- цæй мардтай. Г ы р ы м. Кæсут-ма, мæнæ йæ роныл йæ карды кæрд- дзæм. Æмæ, дам, мæм кард нæ уыд. Сергей Петрович. Кæм ис дæ кард? Цы йæ фæкодтай? Æри йæ ардæм. Кæмæ дзурын?! Лæг куы дæ! Худинаг зоз
дæм нæ кæсы фæливын? Дæ сывæллæттæн хорз лæгдзинад рав- дыстай: сайын, давын, марын. (Исы йын йæ кард). С æ г а (кæугæйæ). Цæмæн бакодтай афтæ, баба. Д ы р ы н. Нæй хатыр марæгæн, кæннод ма искæйты амардзæн. Мæнæ йын, ам кæй амардта, уый раз, стæй сидзæрæй кæй ныууагъта æмæ кæй рæзгæ туг ныккалынмæ хъавыд, уый раз рахæссæм нæ тæрхон. Г ы р ы м. Раст зæгъы Дырын. Бæндæн нæм ис — æрца- уындзæм ацы лæгсырды æмæ йын йæ быны арт скæнæм. Уæд дзы райсдзыстæм Сионы мады туг, махæн дæр нæ маст ссæ- удзæн. С æ г а. Цы? Маргæ?! Нæ, Сергей Петрович! Маргæ нæ! Никуыуал бакæндзæн афтæ! А г к о. Ничи кæсы ацы къæбылатæм, куыд суæндыдысты! Сергей Петрович, ныхъус сæ кæн, кæннод сæ куыйты цагьд нык- кæндзынæн. Сергей Петрович. Уæдæ ма дзы искæмæ ныхилгæ дæр фæкæн! Уыдон бæргæ раст дзурынц, дæуæн раст ахæм тæрхон хъæуы. Дæ хуызæн дыкъахыг бирæгътæ хъуамæ хъизæмары мардæй мæлой. #>æлæ нæ, уадз æмæ дæ адæм иууылдæр базоной, чи дæ æмæ цы гæнæг дæ, уый. (Егор къами- сæн систа æмæ дзы исы къамтæ). Æлгъаг æмæ æнаккаг митæ бакодтай, бирæгъæй зыддæр æмæ кæрæфдæр разындтæ. Ныр цæугæ дæ фидиссаг фæндагыл! Сымахæн та, лæппутæ, арфæ кæ- нын, стыр лæгдзинад кæй равдыстат, æцæг ногдзаутæ, хъæбатыр ногдзаутæ кæй разындыстут, уый тыххæй! Æмбæрзæн 304
ÆФСИНТЫ МАСТ Иуактон æртæнывон пьесæ АРХАЙДЖЫТÆ: Косерхан С е р а ф и н Фаризæт — æфсинтæ, сыхаг устытæ. С а р д о — дзырддзæугæ зæронд лæг, сыхы хистæр, Бæтæхъо — ацæргæ лæг. Тасолтан — сыхаг лæг. 3 æ р и н æ — Серафины чызг. Тæтæрхъан X æ м ы ц Т е м б о т т Мистъала — чындзхæсджытæ. 1 - а г у а з æ г 2-аг уазæг Сыхаг лæгтæ, устытæ, фæсивæд. Архайд цæуы ацы бонты хæххон хъæуы. 305
ФЫЦЦАГ НЫВ Авансценæ. Æрбацæуынц Косерхан æмæ С е р а ф и н. Косерхан. Æгæр байрæджы кодтам, афонмæ нæм æнхъæлмæ кæсынц. С е р а ф и н. Куыд æрæгмæ зыны Фаризæт? Кæдæй йæ нал федтон. Кæд ма федтон дæу дæр фæстаг хатт? Косерхан. Знон Фаризæт дзыкка куы скодта, уæд цас фæбадтыстæм, цас фæныхас кодтам... Худæгæй дæр ма нæ куы аскъуыдтай дæ хъазæн ныхæстæй. С е р а ф и н. Раст цыма афæдз кæрæдзи нæ федтам, афтæ мæм кæсы. Æнæ сымах мæ бон æппындæр нæу, мæ цард мын ад не скæнид, хур мæ нæ тавид. Косерхан. Æз дæр уыл афтæ сахуыр дæн æмæ мын æнæ сымах цыдæр нæ фæфаг кæны, мæхи мидæг фæтыхсын. Кæд уæ мæ иунæг мады зæнæгæй къаддæр уарзын, уæд мын амæлæд. С е р а ф и н. Тобæ, тобæ. Хуыцауы уазæг уæд. Цæмæн хъæуы ахæм карз сомытæ? Æнæ сомытæй кæрæдзи не ’мбарæм, æви? Косерхан. Æрбацæуы Фаризæт, цыдæр тыхстхуыз цыма у. С е р а ф и н. Мæ къонайыл, мацы кæнæд, кæд æнæ- фæразгæ у. (Æрбацыд Фаризæт. Хъæбыстæ кæнынц). Косерхан. Цæй æрæгмæ цыдтæ, нæ зæрдæ дæм æхсайдта? С е р а ф и н. Дæ цæстæнгас мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Хуыцау дæ бахизæд рынчынæй. Тыхстхуыз, фæлурс. Ф а р и з æ т. Масты хай фæуæд. Кæцæй мæ размæ фев- зæрди — нæ зонын, Гопонæй зæгьын, дæлæ хъæуы бын куы цæры. Косерхан. Йе ’взаг кæм нæ атъысдзæн, ахæм ын нæй. Дам-думгæнаг, фыдзæрдæ, фыддзых. С е р а ф и н. Йæ дзых бамыр уæд. Æмæ йæ цы хъуыди дæуæй? Ф а р и з æ т. Кæй фыдкой мын нæ ракодта, ахæм нал баззад. Зæгъын, бахатыр кæн, Косерхан æмæ Серафин мæнмæ кæсынц. Æмæ уæд сымахырдæм фæци, былысчъилæй æфхæрæн- тæ кæны. 306
Косерхан. Æмæ йæм цы хъуыстай? Цыфæнды дзу- рæд. С е р а ф и н. Æмæ йын цы йæ дæнгæлæй мард фед- там? Цы фыдкой нæ хъуамæ ракодтаид? Ф а р и з æ т. Сæхицæй, дам, тыххæй æфсинтæ скæ- нынц. Æртæ чъирийы нытътъæпæн кæнын чидæридцæр зоны; бæ- сты бикъ, комы дæгъæлтæ мын не сты... Косерхан. Æнæхъæн хъæуы ма йын мах баззады- стæм æмæ та махмæ дæр схæццæ. Нæ астæу æвзаг бакæныныл рагæй архайы, фæлæ йæ къухы ницы бафтдзæн. Ф а р и з æ т. Цыдæр мын радзурынмæ хъавыд. Уæ дыууæ, дам, кæмдæр мæ фыдкой кодтат. Фæлæ йæ нал суагътон дзурын. С е р а ф и н. Йæ кой фесæфæд кæннодæуæд, кæд йæ хъомыс мах цы скодта. Æргомзæрдæ, æргомдзырд, цæстуарзо- нæй кæй цæрæм, уый йын йæ уд гæркъайы хуынчъы ласы, йæ цæ- сты фиутæ тайынц, рахауой йын. Ф а р и з æ т. Зæгьын, хæлæг кæныс, хæларæй-уарзо- нæй кæй цæрæм, нæ циныл иумæ цин кæй кæнæм, нæ хъыгыл — хъыг, æмæ ныл тугтæ мысыс, кæрæдзиуыл нæ сардауынмæ хъавыс. С е р а ф и н. Хæлæг æмæ хæлмагæй амæлæд, йæ сау туг йæ хъæлæсæй фæкалæд, цалынмæ мах кæрæдзийæ фæхи- цæн кæна, уæдмæ. Косерхан. Цæй, ныууадзут æй, йæ койы аккаг дæр нæу, цы маст кæнæм нæхицæн. Фаризæт, æртæ чъирийы скæн, кæй дзы раирвæзтæ, уый тыххæй. Гопон дзурынмондагæй цъæх арт уадзы, куыройы гæркъæраг фесты. Цалынмæ искæимæ фæ- хыл вæййы, искæй мастæй байдзаг кæны, искæй цард сæнад кæ- ны, уæдмæ уынгты рауай-бауай фæкæны, йæ хæдзармæ йын ба- цæуыны амал нал вæййы. Мæгуыры бон та йæ сыхæгтыл ис, кæ- рæдзиуыл сæ бафтыдта. Нæ дзы ссардзынæ дыууæ сыхаджы фæрсæй-фæрстæм цæргæйæ кæрæдзимæ дзургæ. Цæй, йæ кой фесæфæд... Æгæр байрæджы кодтам, цомуг. Ф а р и з æ т. Цом, цом, кæннод нæм агурæг рацæу- дзысты. Ацæуынц. Æмбæрзæн байгом. Ирон къæбиц. Ис дзы чъырæй цагъд дурын пец, скъапп, арынг, стъол, бандæттæ. Æфсинтæ ма кæнынц æмæ фы- цынц уæливыхтæ. Пецы сæр аг. Бæстæ — цин, змæлд, хъазты хъæр, къæрц- æмдзæгьд, зарын. 307
Косерхан. Цæй диссаджы куырыхон лæг у, цæ, уаз- джыты хистæр. Цæй бирæ зоны рæсугъд, зæрдæмæхъаргæ æм- бисæндтæ æмæ таурæгьтæ. Раст Сардо цахæм хистæртæ уарзы, ахæм у. Кæрæдзи æмбарынц, кæрæдзийæн æгъдау кæнынц. Цы ма уа уыдонмæ хъусынæй хуыздæр. Ф а р и з æ т. Æниу цы зæгъæн ис йæ кæстæртæй? Ал- чи сæ йæ бынат зоны, æнæуаг ми, æнæуаг дзырд сæ никæмæй схауы. Адæймаг сæм не ’фсæды кæсын æмæ хъусынæй. С е р а ф и н. Мæнмæ та бынтон хуыздæр кæсы чындз- хæсджытæн сæ зарын æмæ сæ кафын. Саджы фисынтыл амад фæсивæд, уæздан, рæсугъд, хæрзконд чызджытæ, хъазты фида- уц. Æзхуыздæронæй кафынц æмæ зарынц. Цы ма уа уымæй аив- дæр, рæсугъддæр! Мæ чызгон бонтæ та мын æрбалæууын кодтой мæ зæрдыл. Ф а р и з æ т. Æз ма цæуыл дис кæнын, уый зонут? Ныр тагьд цæуынмæ хъавынц, афтæмæй сæ расыг куыд ничи кæны, ра- сыг? Хæрын дæр æмæ нуазын дæр цыма ’фсæрмы кæнынц, афтæ мæм кæсы. Æвæццæгæн, адон дæр бабайау хуынды размæ сæ хæдзæртты хорз фæминас кодтой æмæ ныр ам ауæрдынц сæхиуыл. Чындзхæсджытæй дыууæ лæджы æд нуазæн бахызти къæбицмæ. 1 - а г у а з æ г. Фарн уæ къæбицы уæд, нæ зынаргъ æфсинтæ, фарн уæм бадзурæд. Нæ хистæрты номæй, æппæт чындзхæсджыты номæй уын арфæ кæнæм уе стыр æгъдау, уе стыр лæггад, уæ диссаджы бæркадджын фынгты тыххæй. Уæхи минас, уæ бæркадæй уын арфæ кæнæм, айсут, уæ хорзæхæй, ар- фæйаг нуазæн. Косерхан. Бузныг, уæлдай амонддæуæд. Мах уæм бадтмæ нуазæнтæ, хуынтæ куы бахастам, уæд нын цы арфæтæ фæкодтой, хистæрæй-кæстæрæй, уый аккаг куы уаиккам, бæргæ. (Нуазæн 2-аг уазæгæй райста Косерхан æмæ йæ радта 1-аг уазæгмæ). Нуазæн дугъон бæхæй уæлдай нæу. Айс нæ нуазæн. 1 - а г у а з æ г. Цæй уæдæ, уæ нуазæнтæ бирæ уæнт. Уæртæ уын нæ хистæртæ цы стыр арфæтæ фæкодтой, уыдон уыл æрцæуæнт. Хъуыддаг хайыр уæд: æвæсмон дзы куыд уой дыууæ мыггаджы дæр, сымах дæр, мах дæр. Алы сыхбæсты, алы хъæубæсты дæр сымах хуызæн бæркадкъух æфсинтæ куыд 308
уа, уыцы амонд Стыр Хуыцау балæвар кæнæд. (Анызта йæ нуа- зæн, йæ дзыппæй систа æртæ сомы, сæвæрдта сæ сыкъайы уæлæ æмæ сæ дæтты æфсинтæм). Адон та уын зæрдæ ’лхæны- нæн. Уæхицæн-иу сæ иу-дыууæ къафетты балхæнут мах номæй. Косерхан. Бахатыр кæн, нæ буц уазæг, фæлæ нæ хъæубæсты* нæ сыхбæсты ахæм æгъдау никуы уыд. Бузныг, де ’хца уадз дæхицæн. Махæй уый ничи райсдзæн. 1 - а г у а з æ г. Ма мæ фегад кæнут, æгады здæхт нæ акæндзынæн. Кæд фылдæр хъæуы, уæддæр ссардзыстæм. (Дзыпмæ ’вналы). С е р а ф и н. Ницы хъæуы, мах æппындæр ницы хъæуы. Цæмæн нæ ’фхæрыс, махмæ ахæм митæ ничи кæны, худинаг у. 1 - а г у а з æ г. Мур худинаг дæр нæу. Алы ран дæр ис ахæм æгъдау — æфсинтæн аргь кæнын. Ф а р и з æ т. Æхцайæ нын мачи аргъ кæнæд. 1 - а г у а з æ г. Ма мæ бафхæрут, уазæджы хатырæй айсут... Уæддæр уын æй уадзын... Мæ цуры кæд æфсæрмы кæ- нут. Цæй, бузныг, уæ нуазæнтæ бирæ уæнт. Уæ номæй арфæ ра- кæндзыстæм бадты адæмæн, чындзхæсджытæн. Æхца стъолыл æрæвæрдта, сыкъа 2-аг уазæгмæ радта æмæ рацыды- сты. Æфсинтæ джихæй баззадысты. Куы кæрæдзимæ, куы æхцамæ тарст- хуызæй кастысты. Уæдмæ чындзы ракодтой. Цин, зард, хъазт. Чындзхæсджы- тæ ацыдысты. Косерхан. Цæмæн нæ бафхæрдтаид нæ уазæг? Ис- куы дæр ма æхца дæтгæ æрцыд? Цæй тыххæй? Фæстæмæ йын сæ радтын хъуыд. Нындзыг стæм куыдцæр. С е р а ф и н. Зæгъдзысты, сæ лæггад сын бафыстам, æхцайæ сын алхæдтам сæ зæрдæ. Сæ быныхъæр айхъуысæд, цы- ма уыдоны æхцатæм æрхаудтам. Ф а р и з æ т. Кæд сæм æцæгдæр ахæм æнæхайыры æгьдау ис, уæд нын сæ фæлтау къафеттæ сæхæдæг куы балхæд- таиккой. Цавæр лæвæрттæ, цавæр æхца у? Уазæджы зæрдæмæ цæттæ хойраг фæцыд, уæд ма æфсинты уымæй хуыздæр лæвар цы хъæуы. Æхца, дам, айсут... Цыма йын æххуырстытæ стæм. Фæлтау абон мæ уæраг куы асастаид, æмæ ардæм куынæ ’рба- цыдаин. Гопонæн йæ дзых куыд емынæ у, йæ къах дæр афтæ. Фæлтау куы аздæхтаин фæстæмæ. 309
Косерхан. Цæй, цæуыл хæрæм нæхи? Ма тыхсут. Нæхи ’гъдæутгæ рæсугъд, тыхджын æмæ фидар сты: нæй сын хо- хау фезмæлæн сæ бынатæй, нæй сын фехалæн. Абон нæм цы уаз- джытæ уыд, йе ’рбацыдæй йæ ацыдмæ тынгдæр кæмæн фæбæл- лынц, уыдоны бон дæр сын ницы бауыдзæн. С е р а ф и н. Æнæнхъæлæджы маст нын скодтой æмæ сæ æнæнхъæлæджы фыдтæ баййафæнт! Нæ хойраг сын хæрам фæуæд, сæ артæнтæй йæ фæкалæнт. Куыд нын æрбайхæлдтой нæ циндзинад, раст цыма хурбоны мигътæ атар кодтой, афтæ. Ф а р и з æ т. Уæууа, гормæттæ, цавæр æлгъыст у? Кæд федтат уазæджы æлгьитгæ? Уæд сæ æппæлгæ куы кодтам. С е р а ф и н. Æмæ кæд æрцыд æфсинты æфхæрын, æгад кæнын? Стæй се ’ппæты не ’лгъитын. Нуазæн чи ’рбахаста, уый сæ- рыл æрцæуæд. Йе ’взаг йæ комы бампылæд, йæ къух бахуыскъ уæд... Ныр цы кæнæм ацы æхцайæн? Уæд та йæ арты баппарин... К о с е р х а н. Цы цæсгом ма равдисдзыстæм адæм- мæ? Афтæ мæм кæсы, цыма ацы хабар адæм иууылдæр базыд- той: цъиуау æй уасдзысты алы ран. Ф а р и з æ т. Баба-иу афтæ дзырдта: зондджын лæг, дам, цы бæллæх, цы фыдбылыз æрцыд, ууыл бирæ маст нæ фæ- кæны, йæхи нæ фæхæры, фæлæ фæхъуыды кæны, куыд æрцыд, цæмæн афтæ рауад, дарддæр цы кæнын хъæуы, ууыл. Æрбауади 3 æ р и н æ. 3 æ р и н æ. Абондæргьы чызджытæ æххормаг сты, исты дзæбæх хæйттæ ма нын авæрут. Цы кодтат, цы? Ахæмæй уæ ни- куыма федтон. Мæ фæстæ дæр афтæ нынкъард уыдзыстут? Уæд фæлтау æз нал цæуын чындзы! С е р а ф и н. Дæ цæсгом дыл бампылæд, иу ма дзы æфсæрмы дæр вæййы! Куыннæ, нæхи мардзыстæм дæ фæстæ. 3 æ р и н æ. Ацы ’хца та кæцæй фæци ам? Кæй у? Косерхан. Мæнæ дзы дæ мады бафæрс. (Амоны Серафинмæ). Никæй... Уазджытæй йæ иу ныууагьта ам æмæ нæ масты хай фæкодта, фæсмонгонд фæуа... 3 æ р и н æ. Æппындæр ма уæхицæн маст ма кæнут. Нæ чызджытæ къафеттæуарзаг куы сты — æз сын уæ номæй райсом сæ дзыхтæ аадджын кæндзынæн. Бузныг уын зæгъын сæ номæй, 310
адцжын цард фæкæнут, уæ хъæбулты хурæй бафсæдут. (Фелвæ-. ста æхца, хæринæгтæ æмæ азгьордта). Косерхан. Хорз амонд дæ хай. С е р а ф и н. Цымæ кæд бацæудзæн йæ сæры зонд? Ф а р и з æ т. Уæ мæ уд дæ нывонд фæуа, Зæринæ! Раст мын цыма уæззау уаргъ ме уæхскæй æриста. Æнцон улæфт скод- тон, цыма фервæзтæн зындонæй. Æмбæрзæн. ДЫККАГ НЫВ Авансценæ. Сценæйы иуырдыгæй æрбацæуы С а р д о йæ къæдз лæдзæгимæ, иннæрдыгæй — Б æ т æ х ъ о. Б æ т æ х ъ о. Сардо, дæ фæндаг раст. Æз та ма дæм уæхимæ цыдтæн. С а р д о. Хуыцауы хорзæх дæ уæд Бæтæхъо. Дæхицæн цы фыдæбон кодтай, æз дзырд загътон, уæд йæ фæсайын мæ бон нæу. Б æ т æ х ъ о. Уæдæ дæ разæй чи хъуамæ сбада хистæ- рæн, чи ратдзæн æгъдау чындзхæсджытæн? Æнæ дæу нæ фынг фидаугæ дæр нæ кæны. С а р д о. Мæнæ ма ам гыццыл абадæм, афæрсон дæ ха- бæрттæй. (Сценæйы, Бæтæхъо кæцæй рацыд, уыцы кæрон Сар- до æрбадти дурыл). Лæггадгæнджытæ чи сты, уырдыг чи лæ- удзæн, уазджытимæ чи баддзæн? Фынгтæ рæвдз сты? Б æ т æ х ъ о. Алцы дæр цæттæ у, загъд ис алкæмæн дæр. Балæггад кæнынмæ рæвдз сты иууылдæр. Уæдæ та не ’фсинтæ дæр кад, æгъдау скæндзысты нæ уазджытæн. Кæддæ- ридцæр сын цас æмæ цас фæкæнынц буц ныхæстæ, арфæтæ. С а р д о. Сæ рынтæ мæ уд бахæрæд, нæ ауæрдынц сæ- хиуыл. Фæлæ æгæр æппæлын дæр нæ бæззы. Б æ т æ х ъ о. Уæллæй, Сардо, сæрыстыр сæ дæн æз. Искуы æндæр хъæуты куы вæййын, уæдцæр ма рауайы сæ кой: сæ æрмдзæф, сæ уæздандзинад, се ’гъдау, сæ лæггадæй феппæ- лынц æдзухдæр. Куыннæ уон буц, куыннæ сæ райа зæрдæ? Уый, нæ хистæртæ, уæ фæрцы у, уæ фарн у. С а р д о. Æфсарм кæм и, æгъдау дæр уым ис. Æгьдау кæм ис, уым кад дæр ис æмæ намыс дæр. Хуыцауæн табу, нæ 311
сыхбæстæ, нæ хъæубæстæ уыдонæй æнæхай не сты... Бæтæхъо, фæрсинаг дæ вæййын: цымæ афæстаг рæстæг нæ хорз æфсин- тæ уазджыты фæдыл цæуыннæуал ракæсынц? Б æ т æ х ъ о. Æмæ ахæм хабар æз куы никуы бафип- пайдтон. С а р д о. Цыма сыл цыдæр æрцыд афæстаг заманты, афтæ мæм кæсы. Дæ хъус ма сæм фæдар... Б æ т æ х ъ о. Ау, уый та куыд? Уымæн уæвæн нæй. Æр- дхæрæны æфсинтæ, уарзон хотæй хæлардæр куы цæрынц... Дæ гуырысхо мæ сагъæсы бафтыдта. С а р д о. Цом, бафæстиат стæм æгæр. Адæм махмæ æн- хъæлмæ кæсынц. Ацыдысты. Æмбæрзæн байгом. Æндæр къæбиц даргь сарайы кæрон. Сценæйæн йæ иу æмбисы сара, йæ иннæ ’мбисы — къæбиц. Къæбицæй са- рамæ дуар. Ам дæр та чызгæрвыст. Æфсинтæ тызмæгхуызæй сæ куыст кæ- нынц. Косерхан. Ныртæккæ нæм æрбацæудзысты уаз- джытæ. Уæхи та-иу цъиуджын карчы цæф ма ныккæнут нуазæн- тыл. Æхца цы дæттой — иу ран сæ æвæрут. Цас нын фылдæр æх- ца радтынц, уыйас зыддæр æмæ кæрæфдæр кæнут. Фысымтæй дæр нал кæнут æфсæрмы. С е р а ф и н. Нæ хуынтæй уæ чидæр амбæхсы, æмæ йæ мардæн бахъæуæд. Ф а р и з æ т. Уæ ныхæстæй, уæ митæй раргом кодтат уæ цъаммар зæрдæты уаг. Нал уæ у мæ бон. Фыдыусы æлгьысты- тæ кæнут, æмæ уæхи сæртыл æрцæуæнт. Фæстаг хатт ма æрба- цыдтæн лæггад кæнынмæ сымахимæ. Æхцайæ, хуынæй аирвæ- зæнт иууылдæр уæ хъуыры. К о с е р х а н. Ды та дæхицæй цы аразыс? Дæ марг рæсугъд ныхæсты бын æмбæхсын зоныс. Æппындæр ма цу, чи дæм бацыд хатæг? С е р а ф и н. Уæ зæрдæты цæйбæрц марг ис, цæй- бæрц. Нæма уæ зонынц адæм, æндæр уæ къухæйдзаг хæрынмæ дæр нæ бæззы. Ф а р и з æ т. Æнæуынон, æлгьаг митæ кæнут. Уæхи зыд бирæгьтау ныццæвут хуынтыл, бафсис уын сæ нæй. 312
Æфсинтæм æрбацыдысты арфæ кæнынмæ чындзхæсджытæ: Т æ - тæрхъан, Темботт, Мистъала, Хæмыц æмæ’ æндæртæ. Æфсинтæ фыццаг нуазæн авæрдтой Темботмæ. Т е м б о т т (расыгæй). Æфсинтæ, арфæ уын кæнын, хорз нæ федтат, хорз ныл бацин кодтат. Æз ахæм хъуыддæгты арæх вæййын, нал мæ ныууадзынц. Уæдæ ресторантæй дæр кæм нæ уыдтæн, ахæм дзы нæй, стæй иу æмæ дыууæ хатты дæр нæ — арæх дзы фæбадын, цæргæ кæнæм, цæргæ! Æхца куы уа, уæд лæджы куыд фæнды, афтæ цъыкк кæны фæйнæрдæм... 0, æмæ уын арфæ кæнын ис мæ зæрды: хорз нæ федтат, хорз нæ сбуц кодтат... Уæ нуазæнтæй æз фондзыссæдз дæр баназдзынæн. (Йæ нуазæн сабыргай фæцъырдта, стæй йæ дзыппæй тынг æрæгмæ ласта æхцайы чыссæ, бирæ йæм фæракæс-бакæс кодта, тыхæй ласæгау дзы систа æхца, хиуарзон каст акодта фæйнæрдæм æмæ сæрыстырæй загъта). Уый та уын, æфсинтæ, Темботты лæ- вар. Фынддæс сомы! Темботт хыртт-мыртт нæ зоны. Хæлар мын уæд уæ карз арахъ, уæ минас. Нуазæн авæрдтой X æ м ы ц м æ. X æ м ы ц. Хъуыддаг хайыр уæд, цардамонд сæ къухы бафтæд дыууæ кæстæрæн. Сæ хистæрты фæндиаг æнустæм кæ- рæдзи уарзгæйæ фæцæрæнт. Сымахæн та зæрдиагæй стыр ар- фæ кæнын, уæ лæггад бирæ. Бæркадкъух æмæ рæдау æфсинтæ стут, хæрзад уæ хойраг, хæлар уæ минас. Зæгъын уын бузныг, стыр бузныг. Анызта нуазæн, систа фондз сомы æмæ сæ æд агуывзæ радта æф- синтæм. Æфсинтæ йæм тарæрфыгæй бакастысты, Т е м б о т т æмæ Мистъала та былысчъилæй худтысты. Нуазæн авæрдтой М и с - тъаламæ. Мистъалау расыг, цудгæ дæр кæны. Мистъала. Ам чидæртæ, ома лыстæг сырдтæ, сæ сомы гæбæзтæ сæ дзыппæй зыр-зыргæнгæ сласынц æмæ стыр ныхæстыл сбæндæн вæййынц... 0, æмæ уый дзырдтон... Цæмæн хъæуынц æфсинты дæ аргъæуттæ?.. Нычъчъыртт кодтой уыдон дæр æмæ æз дæр дæ ныхæстыл... Кæд сын аргъ кæныс, уæд ма дæ дзыппæй мæнау фондз туманы сис æмæ сын сæ радт... Фæ- лæ ды нæ сисдзынæ, Тæтæрхъан... Уымæн æмæ дæм нæй!.. Дæ капеччытæм у дæ каст... Куы дæм уаид, уæддæр нæ радтис... 313
X æ м ы ц. Цæмæн хъæуынц ам уыцы ныхæстæ. Циндзи- нады цин хъæуы. Фысымтæй худинаг у, æфсинты дæр æгæр лæ- ууын кæнæм. М и с т ъ а л а. 0, о, Тæтæрхъан, дæ цæст нæ бауар- зид... Ды уæздан ныхæстæй лæг дæ... Ам та æхца хъæуы, æхца! Ды та цы сисдзынæ дæ дзыппæй? Цы аргъ скæндзынæ ды æф- синтæи? Æппын фылдæр дыууæ-æртæ сомы... Ахуыргонд... Мæн- мæ дæс къласы дæр нæй, фæлæ мæм ис æхца! Хус ныхæстæ хус къæбæрау хъуыры нæ цæуынц. Тæтæрхъан. Мистъала, ардæм цæмæ æрбацыд- тæ, уый ма зоныс? Дæхи дарын фынджы уæлхъус дæр нæ зыдтай, ам дæр та æндæрырдæм ныццавтай. Мистъала. Сымах дæр мын цæрæм, зæгъгæ, зæгъ- ут. Цы у дæ цард. Дæ хуызæтты цард циу? Уаллоны хуызæн. Мæ- нæ кæс, лæппутæ цы ’гьдау æвдисынц, уымæ. (Систа йæ дзып- пæй фондз туманы æмхæстæй нуазæн анызта æмæ сæ радта æфсинтæн. Æфсинтæй алчидæр райсынмæ хъавыд æхца. Райста сæ Косерхан). Фондз тумаиы уын дæттын æмхæст æхцайæ. Рад- тут нуазæн Тæтæрхъанмæ, кæддæра уын цы кад, цы æгьдау скæ- нид уый та. Радтой нуазæн Тæтæрхъанмæ. Адæм ныссабыр сты. Тæтæрхъа н. Абон стыр циндзинады лæггад кæнынмæ æрцыдыстæм иууылдæр. Æндæр ныхас дзы не ’мбæлы. Хатыр уæ ку- рын, æргомдзырд дæн, мæ дæрзæг ныхас уæм хъыг куы фæкæса, уæдцæр ын æнæ зæгьгæ нæй. Мæнæн тынг зын у, кæй тыххæй æрæмбырд стæм, æнхъæлмæ нæм чи кæсы, уыцы дыууæ цæрæццаг кæстæры рухс амондыл, уыцы дыууæ мыггаджы хæстæгдзинадыл ны- хас кæй нæ цæуы, уый. Æниу æгъдауæн Темботт æмæ Мистьала цы ’мбарынц, хъæуи-хъæу хæрди-хæрд зилынц, уый сæ хуыздæр æгьдау. Т е м б о т т. Тæтæрхъан, маст агурыс дæхицæн. Мæ кой куыд ничи кæна, афтæ! Тæтæрхъан. Амйæ сины сæртыл хæцгæйæ нæ фы- дæлты рæсугьд æгьдæуттæй армукъа чи аразы æмæ сæ æхцайæ ба- ивынмæ, æхцайæ балхæнынмæ чи хьавы, уыдонимæ мæнæн цы дзу- ринаг ис. Фæлæ цыбыр дзуапп æнæ зæгъгæ нæй Мистьалайæн. Ми- стьала æхцаджын у, зонын æй, хæстæг нæм цæры, йæ мыздæй нæ — мызд мæнæй дыууæ хатты къаддæр исы. Фæлæ йæ бирæ æхцатæй йæ ныййарæг мадæн дыууæ цъындайы никуыма балхæдта, йæ сывæл- 314
лæттæ бæгьнæг-бæгьæввадæй куы цæуынц, йæ ус æдзух æхца куы. куры сыхæгтæй æфстау, бинонтæн хæринаг балхæнынæн, уæд ам схъæл ныхас, схъæл митыл цы схæцыд? Æлгьаг митæ! Сæрмæ хæс- синаг не сты! Мæнмæ дæр ис æхца, мæ мызд æрæджы райстон. Кæс- ма, Мистьала. (Æвдисы йæм йæ мæйы мызд). Æмæ кæд нæ фысым- тæ сæ цæхх, сæ къæбæр туджы аргъ кæнынц, кæд сымах, æфсинтæ, æхцайыл уæй кæнут уæ лæггад, уæд уын мæ мæйы мызд дæттын, айсут сæ! Мæнæн та, уæ хойрагæй цы сахуыстон, уый хæрам фæуæд! Адæм базмæлыдысты. Бæстæ дзолгьо-молгъо, хъæр-хъæлæба ссис. Мистъала лæбуры Тæтæрхъанмæ. Уазджытæ кæ- рæдзимæ фесты æмæ сын гуыпп-хыл бацайдагъ, иргъæвæгæн иргъæвын нæ комынц. Æмбæрзæн. /ЕРТЫККАГ НЫВ Авансценæ. Цæуынц сыхбæстæ О а р д о т æ м: устытæ, лæгтæ, чызджытæ, лæппутæ. Æрбацæуынц Б æ т æ х ъ о æмæ Т а с о л - т а н. Тасолтан. Цæмæн нæ хоны цымæ Сардо? Куы ни- цы фехъуыстон, куы ницы хабар сæ райхъуыст. Б æ т æ х ъ о. Нæ зонын, нæ зонын. Æз дæр фæрсын, фæлæ йæ ничи зоны. Мæнæн дæр ницы загьта. Т а с о л т а н. Хоны сыхæгты се ’ппæты дæр: усæй, лæ- гæй, чызгæй, лæппуйæ, суанг ма сывæллæтты дæр. Тынг ба- фæдзæхста. Уым цыдæр ис... Б æ т æ х ъ о. 0, афтæ, дам, зæгьы: кусгæ чи кæны — йæ куыст ныууадзæд, искуыдæм цæуынвæнд чи кæны — йæ фæнд аивæд, æнæрцæугæ мачи фæуæд. Тасолтан. Ахæм карзæй уæдæ цæй фæдыл хон- дзæн? Кæд рынчын фæци, мыййаг, тыхст рынчын. Хуыцау бахи- зæд, фæлæ нын кæд хæрзбон зæгъынмæ хъавы. Б æ т æ х ъ о. Нæ, рынчын нæу. Знон æм нæ кастæ чын- дзæхсæвы, куыд хорз бадти хистæрæн. Нырма фидар у, сæрæн. Стæй хонæг дæр ахæмæй ницы загъта. Тасолтан. Уæдæ цы хабар уа, цы сфæнд кодта, нæ зонын. 20 Царды хос 315
Б æ т æ х ъ о. Цæй цом, уым æй базондзыстæм. Атын- дзæм, мыййаг, ныл йæ зæрдæ куы фæхуда, æрæгмæ цæуынц, зæгъгæ. Ацæуынц. Æмбæрзæн байгом. Зыны С а р д о й ы хæдзары тигь. Стыр кæрт. Астæуæй стыр бæлас. Бæласы бын стъол, бандæттæ. Чи- дæртæ ма æрбацыд. С а р д о æнкъардæй бады. Ничи ницы дзуры. С а р д о сыстад, иууылдæр слæууыдысты. С а р д о. Сбадут, сбадут... Иууылдæр бадгæ скæнут. (Сбадтысты). Хæрзаг зæгъут, цы циндзинадмæ уæм фæдзырдтон. Нæ буц сыхæгтæ хистæрæй кæстæрæй! Мах ацы фæстаг рæс- тæджы циныл не стæм. Мæ бон рæстмæ дзурын дæр нæу, цыма мын исчи фат мæ зæрдæйы ныссагъта. Нæ сыхбæстыл æвирхъау арт сирвæзти æмæ нæ сау фæздæг кæлы. Не ’ппæт дæр уынæм, куыд сæфæм, куыд судзæм, уый, фæлæ нæ иу доны къус ничи ка- лы артыл. Хæдзар куы ссудзы æмæ йæм æвиппайды куы фæ- рæвдз вæййынц, уæд бинонтæ фервæзынц фыдбылызæй. Фæдзырдтон уæм, цæмæй уæ бафæрсон: цы ’рцыд нæ сыхыл? Чи ныл бафтыдта цъæх пиллон арт æмæ цы мадзал ис йæ ахуыссын кæнынæн? Ныссабыр сты хъыпп-сыпп нæ хъуысы. Ничи ницы дзуры. Æз сымах фæрсын, цæуыннæ исты дзурут? Б æ т æ х ъ о. Дæ хорзæхæй, ныххатыр кæн, Сардо. Мах нæ зыдтам, цæмæ нæм фæдзырдтай, уый. Фæлæ дæм куыд бай- хъуыстон, уымæ гæсгæ зæгьдзынæн мæ хъуыдытæ æргомæй. С а р д о. Зæгъ, зæгъ, дæ хорзæхæй, Бæтæхъо. Æргом ныхас царды хос у. Æргом ныхас хъæуы. Б æ т æ х ъ о. Уыцы артныл бафтыдтой æрцæуæг адæм, уазджытæй чидæртæ. Æрхастой нæм цардхалæн, æвирхъау, æна- монд низ. У хæцгæ низ, зындзæбæхгæнæн. Йæ тугимæ кæмæн схæццæ вæййы, уыдонæй бирæты бынсæфт фæкæны. Тасолтан. Уый цавæр фыдбылыз у, цы низ у? Ном ын нæй, цы хуыйны? Б æ т æ х ъ о. Цы йæ схонон, нæ зонын. Æгьдау ын нæй схонæн, æнæгъдаудзинад, чъизи ми, æндæр ном ын нæ зонын. Цыбырдзырдæй, фæрсаг хъæуты фæзынд æфсинтæн æхца дæт- тыны уаг. Уазджытæ-иу æрхатыдысты не ’фсинтæм дæр, фæлæ 316
никуы бакуымдтой, мæгуыргуртæ не стæм, никæй капеччытæм’ æнхъæлмæ кæсæм, никæмæй никуы райсдзыстæм æхца, зæгъгæ. Тасолтан. Æмæ тынг раст загътой. Ирон адæм æх- цайыл лæггад кæнын сæ сæрмæ никуы хастой. Б æ т æ х ъ о. Зæгъгæ бæргæ кодтой. Бирæ рæстæджы фидар лæууыдысты сæ дзырдыл: бирæ маст, бирæ хыл фæкодтой æгъдаухалджытимæ, стæй гыццылгай байдыдтой сæттын. Сæхæ- дæг дæр æй нæ бамбæрстой, афтæмæй сæ рох кæнын байдыдта уазджытæн сæ кад, се ’гъдау, сæ цин, сæ зард, сæ хъазт, сæ уæз- дандзинадмæ кæсын. Кæй ма хъæуынц ныр уыдон? Хуыздæр уазæг — фылдæр æхца чи радта, уый! Хуыны æхцатæм сæм цы уарзондзинад равзæрд, уый фæуæлахиа, кæрæдзимæ цы уарзон- дзинад дардтой, ууыл. Æнамонд, æвирхъау низтæй у æхцайы низ. Æфсинтæ цæмæй бынтондæр бахауой æхцайы уацары, уымæн, куыройы нукмæ донуадзæгау тынгæй-тынгдæр æххуыс кодтой уазджытæ: карзæй-карздæр кодтой æхца дæттыны хабар. Хуынты æхцатыл нал фидауынц æфсинтæ, кæрæдзийæ ныззæрдæхудты- тæ сты, ды дзы фылдæр айстай, ды дзы амбæхстай, зæгъгæ. Æнæууæнкдзинад афтæ стыхджын се ’хсæн, æмæ кæрæдзийæн алывыд фæкалынц. Мæнмæ гæсгæ æндæр аххосаг нæй. С а р д о. Дæ цæрæнбон бирæ, Бæтæхъо. Куыд царды- стæм нæ сыхбæсты, цы кад, цы хорз æгъдау нæм уыд, уый зонут иууылдæр уæхæдæг. Мах кæддæриддæр сæрыстыр уыдыстæм не ’фсинты æмзонд, æмзæрдæ куыстæй. Сæ фæрцы ма æнæхъæн сыхбæстæ дæр кодтой æфсымæртæ æмæ хотау хæлар бинонты цард. Сæ уæздандзинадæн сын адæм уæздандзинадæй дзуапп лæвæрдтой. Ныр кæрæдзи нал æмбарынц — сæ мыды къæм ба- хауд. Æддæг-мидæг сси нæ цард. Цæмæн, цæй тыххæй, кæй ах- хосæй ’рхаудтам ацы уавæрмæ? Бæтæхъо раст загъта: фыдæл- тæй нырмæ чи никуыма ’рцыд, ахæм æрхæссæггаг æнæхъола, æнаккаг æгьдау нæ сызмæста, кæрæдзиуыл бафтыдта æфсинты; уый у нæ фыддæр знаг, нæ сафæг! Нæ фыдæлтæ сæ лæггад, сæ кад, се ’гъдау уæй никуы кодтой; махмæ дæр афтæ никуы уыд. Æхца хæйрæджы фæ^ыст у, æфсымæртæй дæр знæгтæ саразы. Нæ сылгоймæгты дæр уыцы хæйрæг фæсайдта, масты сæ бап- пæрста, кæрæдзиуыл сæ сардыдта, фæхудинаг сæ кодта. Уыдон та мах фæхудинаг кодтой, æнæхъæн хъæубæсты нæ ныффидис- 317
саг кодтой! Фæлтау амæлæт хуыздæр! Нæ сæр бæрзонд кæмæй хастам, уыдон сæ цæсгом бахордтой! Дарддæр афтæ цæрæн нæй! Ахæм цард сæрмæ хæссинаг нæу! Кæмæ уæ цы уынаффæ, цы фæндон ис, зæгьæд. Б æ т æ х ъ о. Зæгъдзынæн æз мæ фæндон. Сылгой- маджы бон бирæ у, йæ хъæр дардмæ хъуысы, йе ’взаг их батай- ын кæны, дур фехалы, арт ахуыссын кæны. Фыццаджыдæр уал абон ам бафидауын кæнæм не ’фсинты. Дыккаджы та, сылгой- мæгтæ иууылдæр ард бахæрæнт, сæ лæггадæн æхца кæй нал ис- дзысты, уый тыххæй. Адæм базмæлыдысты. Разыйы хъæлæстæ: "Тынг раст зæгъы Бæтæхъо!" "Бафидауæнт, бафидауæнт æфсинтæ!" "Ард бахæрæнт сылгоймæгтæ" "Лæгтæ дæр бынтон æнаххос не сты!" С а р д о. Байхъусæм кæрæдзимæ! Бузныг, Бæтæхъо! Не ’ппæты зæрдæты цы уынаффæ сæвзæрд, уый загътай. Кæд ма уæ искæй зæгъын фæнды, мыййаг, æфсæрмы ма кæиут, зæгъут. Нæ цардыл, не ’гъдауыл, нæ фидæныл у нæ сагьæс, нæ ныхас. Тасолтан. Сылгоймæггæй дæр исчи зæгъæд. Цы фæнд сæм ис, куыд цæрынмæ хъавынц дарддæр. Фыццаг-иу сæ нæ уазджытæ нæртон æфсинтæ хуыдтой, æмбисондау сæ хорзы кой уыд хъуыстгонд. Æмбал нæ уыд сæ лæггадæн, сæ минасæн. Бæтæхъойы фæндон тынг раст кæсы мæнмæ дæр. Дзуапп рад- тæнт абон сылгоймæгтæ сæ митæн! Æнæ зæгьгæ сын нæй! Ныссабыр та сты адæм. Сылгоймæгтæй алчи йæхи фæстæмæ ласы, æмбæхсы йæ цæсгом. Ничи уæнды дзурын. С а р д о. Зæгътут, зæгьут. Сымахыл цæуы дзырд. Куыд уæм кæсынц уæ хъуыддæгтæ, уæ митæ? Æфсæрмы ма кæнут. Æнæзæгьгæ уын нæй. Уæддæр ничи йæ ныфс хæссы. Кæрæдзимæ кæсынц. Æрæджиау гыц- цыл размæ рахызт К о с е р х а н. Крсерхан. Ныххатыр кæнут. Нæ цæсгом нæ хъæцы дзурынТнæу сыгъдæг. Зонæм æй, уæ разы аххосджын, къæмдзæ- стыг стæм мах, сылгоймæгтæ, æфсинтæ. Абон ам уæ разы лæу- уыны; уæ ныхæстæм, уæ уайдзæфтæм хъусыны бæсты фæлтау 318
зæххы скъуыды куы аирвæзин, уæд мын æнцондæр уаид. Æгæр зын у адæммæ къæмдзæстыгæй кæсын. С е р а ф и н. Раст нын цыма исчи кæлæнтæ скодта. Нæ уд æнцой нал зоны, иу бон дæр æнæ маст нал æййафæм. Махæн ацы фыдбылыз чи ’рхаста, нæ фарн, нæ амонд нын чи фехæлдта, уыдоныл фыдæлгъыстытæ æрцæуæнт, æмæ сæ рын ныццæгъдæд нæ тæригъæдæй, æмæ-иу мæрдты авд дæлдзæхх ныххауæнт!.. Косерхан. Зноны митæ, зноны хыл дæр мах аххос уыд. Бамбæрстам нæ рæдыд, æрхудтыстæм нæхиуыл. Стыр хатыр уæ курæм хистæрæй, кæстæрмæ... Дæттæм уын фидар дзырд — раздæрау кæй цæрдзыстæм хæларæй, кæй нал æрхæсдзыстæм нæ сæрмæ уыцы æгадгæнæг митæ — уазджытæй æхца исын. Се- рафин æмæ Фаризæт, кæд разы стут мæ ныхæстыл, уæд рацæут мæ цурмæ, æппæт сыхбæсты раз нæ къухтæ кæрæдзимæ рад- тæм, бафидауæм, аппарæм, нæ зæрдæты цы маст æрæмбырд, уый. Раздæрау та цæрæм хæларæй, уарзонæй. С е р а ф и н æмæ Ф а р и з æ т бацыдысты К о с е р - х а н м æ, æртæйæ дæр къæмдзæстыгæй кæрæдзи къухтыл ныххæцыды- сты, кæрæдзи ’рбахъæбыс кодтой, хатыр курæгау. Адæм сын зæрдиагæй нымдзæгьд кодтой. С а р д о. Уæ цæрæнбон бирæ, уæ цæрæнбон. Мæ зæр- дæ та мын барухс кодтат. Фыдвæдæй тынгдæр ницæмæй тæрсын, фæлтау æвæд хуыздæр... Уæдæ ма ноджы иу уынаффæ рахæссæм: нæ уазджытæн-иу рагацау зæгьæм, æфсинтæн æхца дæттын нæм стыр худинаг, стыр æфхæрд кæй у æмæ сын арфæ кæнгæйæ, æх- ца куыд ничи дæтта, афтæ. Цы арты судзæм, уый ныххуыссын кæн- дзыстæм нæхæдæг. Фыццагау хъуамæ нæ сыхбæстæ уой кадджын, намысджын; цæрой хæларæй, уарзонæй, хъæлдзæг æмæ амонд- джынæй. Нæ уынаффæ, не ’гьдæуттæ нын чи хала сылгоймагæй, нæлгоймагæй, чи хæсса æгадцзинад, æвзæр митæ йæ сæрмæ, уыдонæн та не ’хсæны нæ уыдзæни бынат, бакæндзыстæм-иу сыл хъоды, фыццагон хъоды! Кæд разы стут нæ абоны ныхæстыл, нæ уынаффæтыл, уæд мын, мæ цуры, фидар дзырд дæр радтут. Б æ т æ х ъ о. Ард бахæрæм не ’ппæт дæр! (Иууылдæр. Ард хæрæм!" "Ард хæрæм!" "Ард хæрæм!"). Æмбæрзæн.
ХЪÆУУОН НЫХАСЫ Иуактон пьесæ нырыккон цардæй ФЫЦЦАГ НЫВ Хъæууон Ныхасы бадынц æртæ хистæр лæджы — Адто, Сардо æмæ Габо. Адто — зæронд лæг, иннæтæ йæ кæстæртæ. Кæдцæрау хъазæн ныхас, хъæлдзæг хабæрттæ, рагон таурæгьтæ нæ кæнынц: сæ риу сын кал- мау хæры утæхсæн, хъынцъым, æгæрон стыр маст, уæззау сагьæс сыл бафтыд. Г а б о. Ахæм диссаг никуыма ’рцыд: дун-дунетыл цыма æррагæнæн хос байтыдæуыд, афтæ мæм кæсы, бауырнæд уæ. Æнусты дæргъы хæлар æмæ уарзонæй чи цард, уыцы адæмтæ кæ- рæдзийæн цыфыдцæр знæгтæ цæмæн фестадысты, æгъатырæй цæмæн цæгъдынц кæрæдзийы, цæмæн пырх кæнынц, цæрæнбон- ты цы горæттæ æмæ хъæутæ фæцарæзтой сæ хидвæллойæ, уыдон. Туджы зæйтæ кæм нæ цæу, ахæм бæстæ зын ссарæн у. Сæрсæфæны былмæ бахæццæ стæм, æмæ ма дзы фæстæмæ раз- дæхæн ис, ууыл ничиуал æууæнды. А д т о. Ды раст дæ, Габо. Адæмты кæрæдзиуыл чи баф- тыдта, уый дæр бæрæг у. Фæлæ дзы ноджы фыддæр уавæры та Уæрæсе бахауд мидызнæгты аххосæй. Рæстуд адæмы цард нæм зындонæй фæфыддæр. Царды рохтæ сæ къухмæ райстой фыдгæн- джытæ æмæ уыдонæн сæ сагъæс, сæ мæт у æрмæст сæхи хъæз- дыгдзинадыл. Иннæтæн сæ мыггаг цадæггай скъуыйы. С а р д о. Бирæгъ фосы фæйнæрдæм куыд ныппырх кæна, афтæ адæм лыстæг къордтæ ныйисты, æмæ сæ иу рамбырдгæнæг, иу бахъахъхъæнæг нæй. Иу иннæуыл нал мæт кæны. Алчидæр ка- тайы бацыд йæхи хъысмæтыл. Сæфы нæ фыдæлты фарн, хæлы нæ фыдæлты фидар мæсыг. Нæ адæм кæрæдзиуыл цы хæлардзинад, 320
цы уарзондзинады тæгтæй баст уыдысты, уыдон сын ныскъуыдтæ кодтой "ног" цард аразджытæ, реформатортæ. Цъыф калынц нæ ивгъуыд бонтыл, нæ абоныл, нæ бæллицтыл, нæ сагъæстыл. Г а б о. Мæн фидарæй уырны, бауырнæд сымах дæр: дон йæ сæрæй, йæ ратæдзæнæй змæнтын чи райдыдта, уыдоны раджы уа, æви æрæджы, уæддæр дзуапп дæттын бахъæудзæн сæ фыдра- кæндты тыххæй. Сæ сæйраг фыдракæнд та уый у, æмæ нын æдзæсгомæй, æгъатырæй нæ фæсивæды кæй халынц, йæ зонда- хаст ын кæй зыгъуыммæ кæнынц, сæфты фæндагыл, æррагæнæн монцтыл сæ кæй æфтауынц, удмарæн хъылматы уацармæ сæ кæй æппарынц. А д т о. Не знæгтæ нын нæ цæстыты раз зонгæ-зонын, уын- гæ-уынын нæ фæсивæды бынсæфт кæнынц. Царды æцæгдзинад у, уæхæдæг æй хорз зонут, цыфæнды æнусон, домбай тулдз бæла- сæн дæр йæ уидæгтæ куы бахуыскъ кæнай, уæд йæхæдæг æнæ фæрæтдзæфæй бахус уыдзæн, афæлдæхдзæн, бамбидзæн. Æмæ уыцы тæссаг хæцæнгарз райстой сæ къухмæ не знæгтæ: ласынц нæм марг æмæ рын фæсарæнтæй, сыхагæй. Нæ фæсивæдæн нын цытæ кæнынц, уый сывæллæттæ дæр зонынц. Æргом сæ халынц алы мадзæлттæй, уыцы наркотиктæ кæй хонынц, уыдонæй та сæ сæрра кæнынц, бафтауынц сæ фыдхъизæмæрттыл, стæй сыл ма- рынæй нæ ауæрдынц. Бынтон сæфт та уымæй кæнæм, æмæ нæ фæсивæд кæрæдзийы цæгъдын кæй байдыдтой. Г а б о. Æмæ цæй тыххæй? Æхца карз нозт æмæ сылгой- мæгты тыххæй. Уыдонæн фидар лæг хъæуы, нæ фæсивæд та лæ- мæгъæй-лæмæгъдæр кæнынц. Æмæ ма сæм ноджы хæцæнгарзæй цы нæ ис, ахæм нæй. С а р д о. Тынг раст зæгъыс, Адто. Ныридæгæн нæ кæс- тæртæй бирæтæ сæ сæр сæ фат нал æмбарынц, сæ зæрдæтыл хъуына схæцыд, æнæсæр хъомпал кæнынц уынгты. Куыстæй дард лидзынц, фыдми, фыдбылызмæ та хæрз æнгом лæууынц. А д т о. Бынтон сæхи ахос нæу. Æлгъыст рæстæджы цæрынц нæ фæсивæд, зынфæразæн æнхъæлмæкасты рæстæджы. Зæрдæ ныккæрзы ацы æнæнцой æмтъеры заманы уыцы æвирхъау фыдбылызтæ æмæ фыд- ракæндтæм кæсгæйæ. Аргь нал ис æгьдау æмæ уæздандзинадæн, зонд æмæ хъаруйæн, кад æмæ нймысæн! Нæ фыдæлтæ сæ кæстæрты уæгьд- идонæй никуы уагътой. Уый уæхæдæг дæр æрæййæфтат. Фæлæ ныр 321
уыцы фарн сæфын райдыдта. Ныр адæмæн хистæрæй-кæстæрæй макæ зæгьæг нал ис. Адæймагæн та йæ равзæрды, йæ туг, йе сконды бирæ ис хъæдцаг сырды миниуджытæ. Уыцы миниуджытæ сты æмбæхст æгвдау, æфсарм æмæ тасдзинады агьуды бын. Уыцы агьуд цас тæнæгдæр уа, уыйас йæ хъæдцагдзинад гагъдцæр раргом вæййы. Ныр бирæтæ нал тæр- сгæ кæнынц, нал æфсæрмы: се ’мбæхсæн агьуд бынтондæр ахауд, рар- гом сæ сырдцон уд. Æхсæнадон цардæн бæрзонд къæпхæнмæ схизæн нæй ахæм уавæрты. Адæм кæрæдзийæн аргь кæнын нал зонынц, айрох кæнынц сæ хæстæ, сæ кæстæрты, фыдæлты фарн. Г а б о. 0, нæ фыдæлтæ кæстæртæн аргъ кæнын дæр зыд- той, æмæ сæ ных бакъуырын дæр. Мах та цы аразæм нæ кæстæр- ты раст фæндагыл саразынæн? Ницы! Бауырнæд уæ, стæй уæм мæ ныхас хъыг ма фæкæсæд, рæсугьд нæу, уый зонын, фæлæ йæ зæгъон: бирæ ныййарджытæ фосæн сæ гуыбын æфсæстæй куыд дарой, афтæ кусынц æрмæстдæр ууыл, цæмæй сæ сывæллæттæ æфсæст уой, æмæ сыл хорз дарæс уа. Дардцæр цы мигæнæг сты сæ кæстæртæ, ууыл нæ тыхсынц. А д т о. Ды раст дæ, Габо. Зæрдæмæ хуры цъыртт чи нал уадзы, уыцы сагъæсыл у нæ ныхас. Нæ рæзгæ фæсизæд фыдæл- тыккон ахсджиаг, зынаргь, рæсугъд æгъдæуттæн фаг аргъ нæ кæ- нынц, бынтон сагъæссаг та уый у, æмæ дзы бирæтæ сæ мадæлон æвзагыл бынтондæр сæ къух кæй систой, сæ мадæлон æвзагыл дзурын сæ сæрмæ кæй нæ хæссынц! С а р д о. Раст мæ бамбарут, мæ ныхас æрмæст фыдуаг ми- тыл, сонт рæдыдыл нæ цæуы. Уыдонæн ма ис быхсæн. Фæлæ нæ кæ- стæрты астæу фылдæрæй-фылдæр кæны фыдгæнджыты нымæц. Сæ бæллæхтæй нæ хъуырмæ стæм, нæ хъуырмæ! Æмæ уын уый зæгьын- мæ хъавын, раст мæ бамбарут: фыдгæнджытæ махæй, хистæртæй, æфхæрд не ’ййафынц æмæ ноджы фыдцæрæй-фыдцæр кæнынц. Г а б о. Уый раст у, Сардо, фæлæ фыдгæнæгæн фыдмийæ, тыхгæнæгæн тыхмийæ, мастисæгæн мастæй дзуапп куы дæттæм, уæд уымæй ноджы фæфылдæр уыдзысты фыдмитæ, тыхмитæ, маст. А д т о. Æз дæр демæ разы дæн, Габо. Цы нымæт цæгъ- дай, хъуынджындæр кæны. С а р д о. Æмæ уæдæ цы кæнæм, куыд кæнæм? Фыдгæн- джыты сæхибар ныууадзæм? Нæ дзыхтыл цъуттатæ сæвæрæм, нæ хъусты къæрмæджытæ батъыссæм, нæ цæстытæ бабæттæм?! Æмæ 322
уæд хынджылæггаг не суыдзæн нæ хъæубæстæ, нæ цард?! Раст мæ бамбарут, Адто ’мæ Габо, хорз ахъуыды кæнæм. Г а б о. Раст зæгъыс, Сардо. Дæ хъуыды аппаринаг нæу, фæлæ дзы амцæф-уымцæфæй ницы рауайдзæн. Бавдæлæм, æмæ саразæм афтæ, цæмæй нæ кæстæртæй фыдгæнæг æппындæр ма- чиуал уа. Кæрон сын скæнæм. С а р д о. Тынг хорз! Разы дæн. Фæлæ йæ чи, кæд æмæ куыд хъуамæ сараза? Чи у уыцы хæрзгæнæг, æз æй куынæ зонын? Г а б о. Исчи йæ нæ сараздзæн, исчи махыл нæ батыхс- дзæн. С а р д о. Уæдæ чи? Зæгъ æй, зæгъ, Габо. Г а б о. Уæдæмæ мах нæхæдæг. Æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы, æвæстиатæй райдайæм! А д т о. Ома, цы райдайæм? Дæ ныхасмæ æфцæджы сæр- ты цæмæн цæуыс — зæгъ-ма дæ фæндон æргомæй. Г а б о. Нæ фыдæлтæ куыд кодтой, афтæ. Цы фæкусæм, цæмæй хъæд æнæхъæнæй ма фесæфа, цæмæй йæ бахъахъхъæ- нæм æмæ нын пайда хæсса, уый тыххæй? Йæ сахъат бæлæстæ, йæ хус æмæ æмбыд бæлæстæ йын аппарæм, æмæ та хъæд æнæни- зæй, сыгьдæгæй баззайа. А д т о. Цы зæгъынмæ хъавыс? Æргомдæр ма дзур. Г а б о. Фыдгæнжыты æмæ сæ ныййарджыты мауал хонæм, мауал сæ уадзæм нæ хæдзæрттæм, нæ цинмæ, нæ хъыгмæ, ма сæм цæуæм, ма сæм дзурæм, ма сæ уынæм. С а р д о. Ома, æнæхъæн бинонтыл дæр хъоды бакæнæм? Г а б о. 0, хъоды! Нæ фыдæлтæ йæ куыд кодтой, афтæ. Æцæг æмæ карз хъоды! Уымæй растдæр æмæ хуыздæр тæрхон нæй. Ирон чи уа, уый дзы йæхи хъахъхъæндзæн. А д т о. Кæстæртимæ карз уæвын, чи зоны, хъæуы, фæлæ сæм æгъатыр уæвæн нæй. Куы сæ сахуыр кæнæм сæхицæн аргъ кæнын, сæхиуыл æрхудын, сæ рæдыдтытыл басæттын æмæ аппа- рыныл, уæд уый фылдæр пайда æрхæсдзæн цыфæнды карз хъо- дыйæ дæр, Хуыцауæй уæ бауырнæд, уымæй ницы рамбулдзыстæм. Фидарæй уын зæгъын: абон хъоды нал сфидаудзæн. Г а б о. Адто, хатыр бакæн, фæлæ дæ ныхæстæ змисыл дон калæгау куы сæфой дзæгъæлы, куы ничи аргъ кæна дæ 323
уайдзæфæн, уæд ын æндæр цы хос ис? Хорз æмæ æвзæр чи нал æмбары, æдылы, æнаккаг митæ æхсызгонæй чи кæны, уыдон зон- дамонæн ныхæстæм нæ байхъусдзысты. Бауырнæд уæ. А д т о. Габо, æз та дын афтæ зæгьын, æмæ згъæр дзау- майыл згæ куы фæхæца, уæд æй уый тыххæй æппарын нæ хъæуы. Фæлтау æй згæхафæнæй ныххаф, ныссыгъдæг æй кæн æмæ та но- гæй тæмæнтæ скалдзæн. Кæстæртимæ æгæр лæмæгь уæвын куыд нæ бæззы, афтæ нæ бæззы æгæр карз уæвын дæр. С а р д о. Рæстытæ дзурыс, Адто, фæлæ сын æгæр хатыр дæр нæ хъæуы, сæ коммæ æгæр тынг цы хистæр фæкæсы, уымæн йæ сæрмæ схизынц, кад ын нал фæкæнынц. А д т о. Бынтон сæ ма ’фхæрут. Сæ уавæртæм гæсгæ сыл цы ’мбæлы, уый кæнынц. Оæ дуджы аккаг сты. Стæй уын æргом зæгъон — сæ фылдæрæй мæ зæрдæ рухс у, сæрыстыр сæ дæн. Æппæлд, æвзыгъд, хæрзæгъдау кæстæртæ нын бирæ ис. Бахъуы- ды сахат не скаст уыдон куы сты. Нæ алы ’гъдауы дæр сæ удæй арт цæгъдынц. Нæ хъæубæсты кад, Ирыстоны кад дæлæмæ нæ уадзынц. Хуыцауæн табу. Г а б о. Адто, дæ ныхмæ йæ нæ зæгъын, бауырнæд дæ, фæлæ нæ зоныс, бирæтæн дзы æнæ карз нозт, æнæ хъылматæ ба- дымын, æнæ хæлд митæ бакæнын сæ бон цæрын кæй нал у. Уыдæттæ сæ къухы куы нæ бафтой, уæд сын сæ цард зындон фе- сты, мæлæты къахыл ныллæууынц. Мæнмæ гæсгæ та афтæ у: æв- зæргæнæджы æвзæр митæ кæнгæ куы уынай æмæ йæм куы ницы дзурай, куы нæ йын бауайдзæф кæнай, уæд ды дæхæдæг дæр æв- зæргæнæг дæ. Бауырнæд уæ мæ ныхас. С а р д о. Нæ фæсивæдæй галиу фæндагмæ чи ахызт, га- лиу зондыл чи фæхæст, уыдонимæ нæ ныр фылдæр кусын хъæуы, цæмæй иннæты дæр сæхи фæндагыл ма акæной. Се ’ппæтимæ иумæ куы дзурæм, уæд нын æртасын нæ бакомдзысты, фæлтау сæ иугай хонæм ардæм нæ Ныхасмæ. Алкæйы зæрдæмæ дæр ис хи- цæн фæндаг, алкæйы зæрдæйæн дæр ис йæхи гуыдыр æмæ йæм хъæуы йæхи дæгъæл ссарын. ^ А д т о. 0, о, дæ хъуыддаг раст, Сардо. Уыцы фæндон мæ зæрдæмæ дæр цæуы, афтæ растдæр уыдзæн. Семæ хицæнтæй дзурын фылдæр пайда ратдзæн. Раст фæндагыл дзы кæй сæвæ- рæм, ’уыдоны иннæтæ дæр бафæзмдзысты, кæрæдзимæ гæсгæ 324
рæдийгæ куыд кæнынц, афтæ хорздзинадыл дæр ахуыр кæнынц кæрæдзиуыл. Хуыцауы фæрцы хъуамæ нæ зондмæ байхъусой. Г а б о. Нæ дæн æз уемæ разы. Нæ уарзын æз æдзух бытъу-бытъу кæнын къулбадæг, фыдзонд æмæ хæлд кæстæртæн. Бирæгъæн æмбисæндтæ хастой, уый сын афтæ: "Ауадзут мæ, уæлæ сæгъ фæлидзы". Кæдмæ дардзыстæм калм нæ роны? Йæ маргæй нæ хъæстæ кæй кæндзæн, уый не ’мбарут?! Æниу фосæй дæр ис æгомыг æмæ адæмæй дæр... С а р д о. Адæймаг, Габо, бирæгь дæр нæу, калм дæр нæу, стæй йæ æгомыг дæр ма хон. Уымæй тынг рæдийыс дæхæ- дæг. Адæмы фарн æгæрон тыхджын кæй у, уый дæ ма уæд рох, йæ ныхмæ фæлæууæн нæй. А д т о. Габо, нæ кæстæрты нын цард йæхæдæг кæй сафы, уый нæ уыныс? Акæс-ма: цъаммæрттæ æмæ цъыфхортæ цардæй тъæпп хауынц, рæстаг адæм та зындоны цардæй цæрынц, уымæн æмæ сæ сæрмæ нæ хæссынц сайын, давын, марын. Афтæ ма зæгъут, ома, æз се ’вварс хæцын, лæджы кад чи худинаг кæны,' уыдонæн. Æппындæр нæ. Фæлæ цы кары сты, уый дæр ма рох кæ- нут. Адæймаджы хъизæмæртты гуырæн исуарзондзинады æмæ рæсугъддзинады. Æмæ кæстæртæн сæ авналæнтæ кадавар кæй сты, уый дæр сæ кæйдæрты рæдийын кæны. Г а б о. Дис уыл кæнын, стыр дис. Ау, куыднæ йæ ’мбарут, æнæджелбетт, хæлд гуырдтимæ цæрын зындонæй фыдцæр кæй у, уый. Уыдонæн бауромæн нал ис. Сæ зæрдæйы ницæййаг, фидиссаг мондæгтæн бархиад радтой, æмæ... Уыдон фесæфтысты, фæлæ сæ гæбæр низæй иннæты дæр бабын кæндзысты, бауырнæд уæ! С а р д о. Габо, раст мæ бамбар, дæ хъоды пайдайы бæс- ты стыр зиан æрхæсдзæн канд нæ хъæуæн нæ, фæлæ æппæт Иры- стонæн дæр. Афтæ дæр нæ фæсивæд ныххæлиу сты бæстæты, алы горæтты, чи ма дзы баззад ам, нæхимæ, уыдоны та дæ хъодыйæ сургæ кæныс. Мах хуызæн нымæцæй куынæг адæмæн алы адæй- маг дæр зынаргъ у. Сывæллон нæм нал гуыры, уый нæ уыныс? Алы адæймаджы зындзинад дæр у æппæт адæмы зындзинад, йæ цин дæр афтæ. Мæлæтæй куыд тæрсай, уымæй ныртæккæйы цард тæссагдæр куы у, уæд ма нын нæ кæстæртæй нæхи æнæхай кæ- нынмæ хъавыс?! Нæ, Габо, раст мæ бамбар, ам ды тынг рæдийыс. Г а б о. Куыннæ йæ ’мбарыс, Сардо, йæ сæры зонд чи ба- хус кодта æмæ йæ зонд мард кæмæн у, йæ хъару хъылматæ цъир- 325
гæйæ кæмæн асаст, уыдон сæ къух никуы сисдзысты сæ цардха- лæн митыл. Бамбар æй, Сардо, — сæ зонд фæцыд! Кæцыдæр бæ- стæты, дам, закъонмæ гæсгæ ахæмты маргæ кодтой, ды та сыл хъоды кæнын дæр нæ уадзыс. Стæй мæм диссаг кæсы: нæ фыдæл- ты домбай æгъдæуттæ дæ зæрдæмæ нал цæуынц? Уый æнъæл дын нæ уыдтæн, Сардо, бауырнæд дæ. С а р д о. Нæ фыдæлты хорз æгъдæуттæ æнустæм цæ- рæнт, уыдонæй куы стæм сæрыстыр, нæ хистæрты фарнæй куы цæрæм... А д т о. Сардо, бахатыр кæн, дæ ныхас дын исын. Габо, кæр, кæстæртæй чидæртæ хистæртæм нал хъусынц, уæд уый æрмæст кæ- стæрты аххос кæныс? Нæ, Хуыцауыстæн, уый раст нæу. /Ергом æй зæгьæм, басæттæм ыл: абоны хистæртæй ис ахæмтæ, æмæ сæхæ- дæг не сты уый аккаг, цæмæй кæстæртæн фæзминаг уой, цæмæй кæстæртæн тæрхонгæнæг уой. Се ’гъдау сын уыцы бар нæ дæтты. Уыцы хистæртæй цы зонд, цы ’гъдау хъуамæ райсой сæ кæстæртæ? Лæг хъуамæ йæхицæй æфсæрмы кæна. Дæ Хуыцаумæ скæс æмæ кæд сыгъдæгзæрдæ дæ, уæд, цы зоныс, уый дæ кæстæртæн ма ба- хæлæг кæн... Нæ кæстæртæм цæмæн кæнæм мæсты? Нæ туг, не стæг куы сты. Чи дзы рæдийы, уыдонæн æххуыс хъæуы? Хъæуы. Æмæ ууыл бакусæм. Хъарджытæй мард ничима райгас кодта. Г а б о. Нæ фæсивæд сæ къух куы систой æгъдау, æфсарм æмæ цæсгомыл, уæздандзинадæн сæм йæ кой дæр куынæуал ис, уæд ма сæм цы хуыздæрмæ кæсæм æнхъæлмæ? А д т о. Кæдцæры заманты хистæрты фарн, ирон гаджидау фæсивæдæн сæ ахуыргæнæг, се скъола уыдысты. Мæ рæстæджы æз дæр нæ буц хистæртæм хъусынæй не ’фсæстæн. Нæ хъæуы ас- тæу цы Ныхас уыдис хохы, уым-иу кодтой сæ ныхæстæ, сæ уынаф- фæтæ. Цины фынгыл сæ гаджидауы æвæрдтой сæ зонд, сæ амынд рæсугьд æмбисæндтæ æмæ таурæгьтимæ. Сæ зарджытæ дæр зон- дамонæнтæ уыдысты. Ныр хистæрæн æрбады, рæстмæ кувын, зæгьын, гаджидæуттæ уадзын чи нæ зоны, ахæм хистæр. Йæхицæй чъирикувæг скæны нозтуарзаг, фыдзонд, фыддзых, гуыбындзæл. Куыд хъусой кæстæртæ ахæммæ. Цы зонд дзы хъуамæ райсой? С а р 1?ц о. Мæ ныхас дæумæ у, Габо, раст мæ бамбар. Мах дæр нæ фыдæлтау кувæг адæм стæм, æмæ кæд Хуыцаумæ нал хъуысы нæ куывд, нæ табу, нæ лæгъстæ, уæд уый не ’сæфт у. Фæ- лæ, мæнмæ гæсгæ, нæма фесæфт нæ фарн, нæ намыс, нæ ныл ра- 326
хатыд нæ Хуыцауы хай. Æрбахæстæг кæнæм нæхимæ нæ кæстæр- ты. Бауырнæд дæ — байхъусдзысты нæм. Г а б о (мæстыйæ). Быхсæм сын уæдæ се ’нæуаг, се ’на- ккаг митæ, и?! Уадз æмæ нæ хынджылæг кæной, уадз æмæ нын нæ цард змæнтой лакъон донау, сафой чысыл сабиты дæр! Нæ, С&р- до, æз та дын фидарæй зæгъын: кæд ма дæм исты зонд æмæ хъа- ру ис, кæд бынтон тæппуд нæ дæ, уæд худинаггæнджытимæ, фыд- гæнджытимæ самай карз тох. Кæд æмæ лæмæгъ, тæппуд дæ, уæд сразы у дæ хъысмæтыл, дæ уагыл, ма сæм дзур, цыфæнды кæ- нæнт!.. Ацы æнамонд рæстæджы æнæмæт, дурзæрдæ сæрхъæн- тæн æнцондæр у цæрын! Бауырнæд уæ. С а р д о (фæмæсты). Ома, кæмæй зæгъыс? Цытæ лæху- рыс, уый æмбарыс? Бынтон дæ сæры зонд фæцыд?! Цытæ дзурыс?! Кæй хоныс дурзæрдæ, сæрхъæн?! Хуыцау нын бахизæд нæ кæстæр- ты дæ хуызæн хистæртæй, дæ хуызæн тæрхонгæнджытæй! А д т о. Уæууа, уæууа! Уый куыд у, уый?! Уæ хорзæхæй, Хуыцауы хатырæй, фæсабыр ут. Нæ хъæуы кæрæдзимæ ахæм уагæй дзурын. Нæ нæ хъæуы тох кæнын, быцæу, хылкъахæн. Мах кæрæдзи куы нæ ’мбарæм, мах куы нæ фидауæм, уæд нæ куыд хъуамæ бамбарой нæ кæстæртæ? Тызмæг дзырд нал!.. Æрбаздæ- хæм нæ ныхасæн йæ сæрмæ. С а р д о. Адто, хатыр дæ курын, фæлæ мæ раст бамбар, загъд йæхæдæг къахы. Зондамонæг-иу хъуамæ раздæр йæхимæ æркæса, йæ бинонтæм, йæ хæстæджытæм, суанг ма йæ мыггагмæ дæр, æмæ кæд æнаипп, фæзминаг сты, уæд искæмæн дæр зонд амон. Фæлæ зондамонæгæн йæхицæн зонд амонын куы хъæуа, уæд та хъуамæ йæ бынат зона æмæ йæ дзыхыл хæцын фæраза! Г а б о. Уымæй цы зæгъынмæ хъавыс? Ахæм æфхæрд дын нæ ныббардзынæн, уый зон. С а р д о. Быцæуæмхиц лæгæй мæхи фæхъахъхъæнын æмæ та мæ разы февзæры. Цы гæппытæ, цы ’ртхъирæнтæ кæ- ныс? Нæ уарзын æз зæлланггæнаг афтид ныхæстæ. Цæуыл дзурæн ис хиввæрсон гуымиры лæгимæ? А д т о. Фæлæуу-ма! Æфсарм уæм нал ис? Куы уын загъ- тон: хъæрныхас ма кæнут! Ма ’фхæрут кæрæдзийы. Мах дзурæм, сагъæс кæнæм стыр æмæ ахсджиаг фарстайыл: нæ кæстæрты, нæ адæмы хъысмæтыл. Алчидæр æргом зæгъы йæ хъуыды, куыд хуыз- 327
дæр, куыд растдæр æм кæсы, афтæ. Цæмæн хъæуы мæсты кæ- нын? Тызмæг ныхас нын не ’рхæсдзæн пайда. Ныртæккæ нæ бы- цæутæм не ’вдæлы. Г а б о. .Цы хъуыдцаг афоныл нæ бакæнай, цы зæгьинаг афоныл нæ зæгъай, уыдоныл райсом фæсмон фæкæндзынæ. Æз æй æмбарын: мæ фæндон карз у, æгъатыр, зын æххæст кæнæн у, фæлæ дарддæр быхсæн нал и’с. А д т 6! Хистæр та хъуамæ фæразон уа, быхсаг.. Æрмæст ныхæстæй, æрмæст фæндæттæй хъуыддаг саразæн нæй. Рахизæм бæлвырд куыстмæ, бæлвырд хъуыддæгтæм. Фæсивæдæй чи фæ- цудыдта, уыдоны раст фæндагыл сæвæрын тынг зын у, фæлæ стыр хъуыддаг æнцон кæд вæййы? Сгыр хъуыддагæн стыр цæлхдуртæ вæййы, фæлæ сæ Хуыцауы фæрцы мах аппардзыстæм. , • С а р д о. Уыцы стыр хæс махыл, хистæртыл, æвæрд ис, æмæ хъуамæ бахъахъхъæнæм нæ кæстæрты æвирхъау, дурзæрдæ, æлгьаг митæй. Г а б о. Сау фысы донæй ничима сурс кодта, бауырнæд уæ. Уæдæ зæронд бæхы дæр сирын нал сахуыр кæндзынæ. Байхъусут мæ ныхасмæ, мæ уынаффæ растдæр у. Нæ кæстæртæй чи фе- сæфт, уыдонæн хуыздæр хос нал ис. Хæмпæлгæрдæг цæмæн фæ- рувæм? Цæмæй ма хъыгдарой, ма фесафой хъæугæ тыллæджы та- уты. Уый куыннæ ’мбары Сардо? С а р д о. Адто, ды мын бахатыр кæн, хистæр дæ, фæлæ мæнмæ та афтæ кæсы æмæ искæмæн мæсыг амайынмæ чи фæхъ- авы, уый уал-иу раздæр йæ кæрты сис уæддæр куы базонид самай- ын. Искæмæн уынаффæ кæнын, зонд амонынмæ дæсны вæййæм, фæлæ нæхицæн нæ фындзы бын цытæ фæцæуы, уый базонын нæу мæ бон. Г а б о. Кæцырдæм та кæныс дурæппарæн? Æргом ма зæгъ дæ зæгъинаг, фæсномыгæй цы дзурыс? Дæлгоммæ дзырд- тæй ме ’сæфт уынын æз. С а р д о. Бæгуыдæр æй зæгъдзынæн. Æрмæст та-иу æр- гæвст каркау ма фæхау хæрдмæ. Раст мæ бамбар... Г а б о. Дзургæ цæй! Фæдзæхсын мæ нæ хъæуы! Зæгъ æй æргом, цы дæм ис дзуринаг? С а р д о. Раст мæ бамбар, йæ зæгъын мын зын у, фæлæ йын æнæзæгъгæ дæр нæй: дæ фырт Асæбе хорз митæ нæ кæны. Дæ разы йæхи тынг уæзданæй дары, афтæмæй та баст у хæлд лæппутимæ, фыдгæнджытимæ... 328
Г а б о. Уый дын хахуыр у, цъыфкалæн! Адто, ма йæм хъус, йæ мæстæй мыл æрымысыдис тугтæ. С а р д о. Æцæгдзинад дын дзурын, Габо, баууæнд мыл. Æз дын æй куынæ зæгьон, уæд дын æй чи зæгьдзæн, цалынмæ нæ байрæджы, уæдмæ? Огыр бæллæхы дын ныссæдздзæн, бабын кæндзæнис йæхи. Раст мæ бамбар. Г а б о. Цæмæй мæ бауырна дæ ныхас, уый тыххæй хабæр- ттæ хъæуы, факттæ. Ахæмæй цы зоныс? Ницы! А д т о. Мæн дæр нæ уырны дæ ныхас, Сардо. Мæнг ныхас ма зæгъ. Асæбейы коммæгæс, æнаипп, сæрæн лæппуйæ зонын. С а р д о. Æгæр коммæгæс разынд æмæ йæ фыдгæнджытæ басайдтой сæ къордмæ; фæцалх æй кодтой нуæзтыл, хъылма дымыныл, æнæуаг митыл. Семæ йæ кæнынц давынмæ, стигьынмæ, марынмæ. Г а б о. Дæ маст мæ райс æндæр истæмæй, уый дын æгæр æргом хахуыр у. Нæй, нæй ахæм гуырд мæ хæдзары. Æмбарыс?! С а р д о. Æцæг у уый. Хæрын уын ард Зæххæй, Хуыцауæй — æцæг хабар у. Мæн дæр нæ уырньщта, цалынмæ бæстон не сбæлвырд кодтон хабар, уæдмæ. Мæ хæстæг оргæнты кусы, æмæ уый фæрцы базыдтон, йæ фæдыл кæй зилынц ахсынмæ... Г а б о. Нæ мæ уырны... Фæлæ, мыййаг, æцæг куы разына дæ ныхас... Мыййаг æй кæд æцæгдæр ралгьыста Хуыцау... Мæхæ- дæг æй ныммардзынæн куыдзы мард!.. Кæд мын иунæг у, уæддæр. А д т о. Масты фæдыл нæй цæуæн, Габо. Тынг хъыг у мæ- нæн дæр. Чи уыд уый æнхъæл Асæбейæ?! Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, нырма бынтон нæ байрæджы. Нырма йæ рæдыд зоны æмæ йæ æм- бæхст дарыныл архайы. Уый бынтон нæма ахызтис хаххæй. Бынтон сæфт ын схонæн нæй. Уырны мæ, адæмы хъæр æм бахъардзæн. С а р д о. Уыцы фыдгæнджытимæ йын иунæг бон дæр уадзæн нал ис, кæннод æгæр дæр байрæджы уыдзæн. Æнамонд сты, æгьатыр. Æхцайы тыххæй кæйфæнды дæр æрбамардзысты, кæрæдзиуыл дæр нæ ауæрдынц. А д т о. Габо, æгæр уæззау цæф дыл æрцыд, зын у йæ ба- уромын. Фæлæ цæмæй фыдбылыз ма ’рцæуа, цæмæй Асæбейы фервæзын кæнæм, ууыл асагъæс хъæуы. Ды та ныффидар кæн дæ- хи, дæ иу къухæй иннæуыл ныххæц. Хуыцау хатыр кæнын дæр зо- ны, табу йæхицæн. Г а б о. Адто, ныххатыр кæн, дæ хорзæхæй. Сардо, афтæ ма банхъæл, æмæ дæм мæсты кæнын. Æз дæ бузныг дæн, лæгдзи- над дæм кæй разынд æмæ мын æргом кæй загьтай, уымæй. Ау, куыд рауад уый? — Мæ хæдзары ахæм гуырд, æмæ йæ æз нæ зо- 329
нын... Чи уыд уый æнхъæл... Нæ, нæ, Сардо, уæддæр мæ нæ уыр- ны... Йæ мад та мын куыд ницы загъта? Уыдон хуыздæр куы фæзо- нынц сывæллæттæн сæ митæ, сæ сусæгдзинæдтæ... С а р д о. Æз дæр Асæбейы мæхи хъæбулау уарзын, маст мын у йæ рæдыд. Цæуыннæ мыл æууæндыс? Куыд хъуамæ зæгъон æз мæнг ныхас дæуæн, Габо, нæ хъæуы хистæр Адтойæн? А д т о. Фæстиат нал хъæуы. Ныхæстæй рахизæм хъуыд- дагмæ. Нæ кæстæртæй кæмæ ’хсайы нæ зæрдæ, уыдоны иууыл- дæр зонæм. Иугай сæм фæдзурæм ардæм, Ныхасмæ, æмæ æрны- хас кæнæм семæ. Чи йæм не ’рбацæуа, уымæ та нæхæдæг бацæ- удзыстæм йæ хæдзармæ. Уырны мæ, байхъусдзысты нæм. Базон- дзыстæм ма сикъо галæн сæрбос æвæрын. Г а б о. Хорз... Фæуæд афтæ... Разы дæн уемæ... Æмæ уæ курын — фыццаг уал райдайæм нæ гуырдæй... С а р д о. Бузныг, Габо! Уый тынг раст хъуыды у. Асæбейæ куы райдайæм, уæд нæм иннæтæ дæр уæндондæрæй цæудзысты. Масты хабар дын кæй загътон, дæ зæрдæ дын кæй фæриссын код- тон, уый тыххæй ма дæ иу хатт курын хатыр. Раст мæ бамбар, æн- дæр гæнæн мын нæ уыд. А д т о. Иттæг хорз, Габо. Тæккæ райсом нæм ардæм æр- бакæн Асæбейы. Хуыцауы фæрцы хъуамæ байхъуса нæ дзырдмæ. Уастырджи, нæ кæстæртæ дæ фæдзæхст, фыдбылызæй сæ бахиз, нæ фæндтæ та нын бафтын кæн нæ къухы. Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ Фыццаг нывы декораци. Ныхасы бадынц Адто, Габо æмæ С а р д о. Сæ цуры сæргуыбырæй лæууы А с æ б е — цæуы йыл 15-16 азы. Г а б о дæр кæсы зæхмæ, йæ лæдзæджы бырынкъмæ. А д т о. Асæбе, мæ хур, цæмæ дæм фæдзырдтам нæ фы- дæлты Ныхасмæ, уый зоныс? А с æ б е (зæхмæ кæсгæйæ): Нæ зонын. А д т о (Габо фырмæстæй йæ бынатæй фестад, фæлæ йæ Адто æрбадын кодта фæстæмæ). Габо, бауадз нæ ныхас кæнын. Мах хъуамæ сбæлвырд кæнæм, Асæбе, нæ хъæубæсты кæстæртæй 330
рæдыд фæндагыл чи ныллæууыд, уыдоны. Нæ хъустыл цыдæр æв-- зæр хабæрттæ цæуы, æмæ нæ фæсивæды уыдонæй Хуыцау бахи- зæд. Ды уыцы хæлд фæсивæдæй никæйы зоныс? Мах сын баххуыс кæнынмæ хъавæм. А с æ б е. Нæ зонын. С а р д о. Асæбе, де ’мбæлттæй тамако чи дымы, хъæбæр нозт чи нуазы, йæхицæн уыцы хъылматæй уколтæ чи кæны, давæг чи у, алы æвзæрдзинæдтыл хæст чи у, уыдоны ма зонай, уый мæ нæ уырны. А с æ б е. Нæ зонын... А д т о. Асæбе, мæ хур, тæрсгæ ма кæн, мах дын дæ ны- хæстæ никæмæн зæгъдзыстæм. А с æ б е. Æз ницы зонын. Г а б о (фестад). Дзургæ кæн, кæннод дыл ныртæккæ мæ- нæ ацы лæдзæгæй æрцæудзынæн! А д т о. Габо, Габо! Нæ хъæуы мæсты кæнын. Сабыргай ба- ныхас кæндзыстæм, кæрæдзи бамбардзыстæм. Асæбе нæ ныфс, нæ хорз кæстæр, нæ ныгæнæг куы у, уæд нæ куыд нæ бамбардзæн? С а р д о. Асæбе, раст мæ бамбар, æз æргомдзырд дæн, æмæ дæм цæмæ фæдзырдтам, уый дын æргом зæгьдзынæн, кæд дæхæдæг ницы дзурыс, уæд. Мæнæн мæ хæстæг милицæйы оргæн- ты кусы, æмæ мын уый бæстон фæдзырдта дæ хабæрттæ. Дæ сыхаг Габойы фырт Асæбе, дам, сбæндæн тынг хæлд лæппутимæ. Æз дæ цæмæй фарстон, уыцы æвзæрдзинæдтæй алцы дæр кæнынц. А с æ б е (тарстхуызæй). Æз никæимæ сбæндæн дæн. Г а б о. Дзургæ кæн дын куы загътон! Кæй раз лæууыс, уыдонмæ ма æрбакæс. Уыдонæй хистæр, кадджындæр нæ хъæуы лæг нæй. Дзур æргом, Оардо кæй дзуры, уый раст у, æви нæу? А д т о. Асæбе, мæ хур, мах дыл слест нæ кæнæм. Олест- гæнджытæ æндæртæ сты. Уыдоны къухтæм дæ Хуыцау ма бау- адзæд. Мах фæнды дæуæн баххуыс кæнын, æмæ немæ æргом куы уай, уæд дын æнцондæр уыдзæн дæ рæдыдтытæй фервæзын. С а р д о. Мæнæн дæр æнцон нæу, Асæбе, де ’взæрдзи- нæдты тыххæй дзурын, уымæн æмæ не ’ппæтæн дæр зынаргь дæ, уарзæм дæ, нæ зæрдæ дыл дарæм. Фæлæ мæ раст бамбар: дæ хъуыддаг тынг æвзæр у. Æз мæхæдæг федтон милицæйы, ахсын- мæ кæй хъавынц, уыцы къорды номхыгъд, æмæ мын тынг хъыг уыд, ды дæр уыцы номхыгьды кæй дæ, уый. Ис сæм дæ къам, дæ ном, дæ мыггаг, дæ фыды ном, кæд райгуырдтæ, кæм цæрыс, кæм 21 Царды хос 331
ахуыр кæныс, уыдæттæ. Уæ къордимæ кæмыты уыдтæ, цы фыдра- кæндты архайдтай, уыдон иууылдæр. Г а б о та фестад, фæлæ та йæ А д т о æрбадын кодта. Асæбейæн йæ цæссыгтæ æркалдысты, кæуы. А д т о. Асæбе, мæ хур, рæдыд дыл æрцыд æмæ зын уавæры бахаудтай. Ныр уыцы рæдыд сраст кæнын хъæуы, цæмæй уыцы тæс- саг уавæрæй фервæзай, уый тыххæй. Мауал цу уыцы фыдгæнджыти- мæ, ферох сæ кæн. Зæгь ма нын æргом, Асæбе, ныууадздзынæ сæ? А с æ б е (ноджы тынгдæр скуыдта). Уырдыгæй мын ра- цæуæн нал ис... Г а б о (фæмæсты). Дæ сæры зонд фæцыд? Цытæ дзу- рыс? Кæцæй дын нал ис рацæуæн? А с æ б е. Уыдоны куы ’рцахсой, уæд æз дæр семæ уыдзы- нæн ахæстоны. (Кæуы). Г а б о. Цæмæн? Ды дæр фыдгæнæг, давæг, марæг дæ? А с æ б е (кæугæйæ). Марæг нæ дæн... Фæлæ мæ уæд уыдон амардзысты... С а р д о. Æппындæр ма сæ ма тæрс. Мах æртæйæ дæр дæу тыххæй ссæудзыстæм оргæнты хицауадмæ. Хъуыдцаг сын бамбарын кæндзыстæм, стæй сын уæд дзырд ратдзыстæм, ды дæ митыл кæй фæсмон кæныс, дæхиуыл кæй æрхудтæ æмæ уыцы къордмæ ’ввахс дæр кæй нал бацæудзынæ. Мах сын балæгъстæ кæндзыстæм, цæмæй дæ мах æвджид бакæной æмæ дын суд ма скæной. Уырны мæ, махмæ байхъусдзысты. Г а б о. Дæ митæ, де ’взæрдзинæдтæ куы нæ ныууадзай, æмæ ма уыцы фыдгæнджытæм æввахс куы бацæуай, уæд дæ уыдон нæ, фæлæ мæхæдæг амардзынæн! Хæдзарæй, мыггагæй, хъæуæй не ’ппæты дæр фæхудинаг кодтай! Цы цæсгомæй ма ра- цæуон ныр адæмы астæумæ?! А д т о. Асæбе, мæ хур, цытæ бакодтай, уыдоныл фæсмон нæ кæныс? Раст мын зæгъ. А с æ б е. Кæнын... Фæлæ цы раны дæн, уырдыгæй мын фервæзæн нæй... Сымах сæ нæ зонут... С а р д о. Æмæ дæ фæндгæ кæны уыцы сæфт адæмæй фæхицæн кæнын, рацæуын? А с æ б е. Фæнды... Фæлæ... Г а б о. Иунæг "фæлæ" дæр нал! Абонæй фæстæмæ нæ хæдзары къæсæрæй æдцæмæ нал ракæсдзынæ. Дæ чъизи митæ 332
куы ныууадзай, уæд æппындæр макæмæй тæрс. Исчи ма дæм тыз- мæг цæстæй дæр бакæсæд. С а р д о. Ды, Асæбе, хъоды бакæн де ’взæр митыл, æн- дæр мах уыцы сæфт адæммæ дæр фæндаг ссардзыстæм. Дæуæн сæ æппындæр ницы тас уыдзæн. А д т о. Æз æй афтæ дæр зыдтон, Асæбейыл æнæбары сайд кæй æрцыд, уый. Мæн уырны, Асæбе йæ фыды фарн нæ фæ- дæлдæр кæндзæн. Фæрæдыд, йæ рæдыдыл сæтты æмæ йæ фæн- ды йе сраст кæнын. Хуыцауæн табу, хаххæй бынтон нæ ахызт. Г а б о. Адто æмæ Сардо! Иу хъуыддаг мæ зонд скарста, æмæ мæ ма бакъуылымпы кæнут. А д т о. Зæгъ, зæгъ, дæ хорзæхæй, Габо, хъусæм дæм. Г а б о (Асæбемæ). Нæ радтæг зæххæй сис дæ армы дзаг æмæ мæнæ нæ кадцжын хистæрты раз, ам, нæ фыдæлты Ныхасы, ард бахæр, де ’взæр митæй абонæй фæстæмæ иунæг дæр дæ сæрмæ кæй нал æрхæсдзынæ, уый тыххæй. А с æ б е (цы кæна, уый нæ зоны. Фæстагмæ саумæр сыджыт систа йæ армы’дзаг. Бирæ йæм фæкаст, стæй ныфсджы- нæй, фидарæй загъта): Ард хæрын уæ разы ацы зæххæй, маргæ мæ куы кæной, уæдцæр сæм кæй нал бацæудзынæн, кæй нал бай- хъусдзынæн. Æвзæр, æнæуаг ми кæй никуыуал бакæндзынæн, уый тыххæй дæр ард хæрын. Баууæндут мыл (сау мæр йæ былтыл авæрдта æмæ йæ акалдта). А д т о. Уæ, дæ рын бахæрон, дæ цæрæнбон нын бирæ уа, Асæбе! Мæ зæрдæ мын барухс кодтай дæ ныхæстæй. Рæдыдыл ба- сæттын лæгдзинад у, рæдыд сраст кæнын та стырдæр лæгдзинад у. Æруай-ма мæм, Асæбе, мæ хур, æз дæ мæ хъæбысы акæнон. (Асæ- бе ныфсæрмытæ. Бацыд æм æмæ йын Адто зæрдиаг хъæбыс акод- та. Габо дæр æхсызгон улæфт скодта). Уырны мæ, Асæбе, ды дæ дзырдæн хицау кæй разындзынæ, уый. Дæ фыды цæсгом нæ фæчъи- зи кæндзынæ. Æмæ ма дын иу хъуыды зæгъон. Асæбе, мæ хур, хæ- лæрттæ нуæзты фынгыл чи агуры, æмæ нозтджынæй æрдхорд чи скæны, уыдон æрдхæрдтæн нæ бæззынц, уыдонæй дæхи дард ласын зон. Фæлæ искæмæ куы фенай лæджыхъæд, стыр сгуыхтдзинæдтæ равдисыны æхсар, уæздандзинад, уæд уымæ тырн, цæмæй дæ къухы дæр æфтой. Агур, архай, араз æппæт дæр хорз æмгары зæрдæмæ фæндаг ссарыны тыххæй, æмæ цæмæй йæ разы мацæмæй фæуай æгад. Уый дын, мæ хур Асæбе, мæ фæдзæхст. Дæхæдæг хорз æрд- хорд куы нæ уай, уæд дын хорз æрдхорд никуы уыдзæн. 333
С а р д о. Асæбе, дæхиуыл кæй фæтых дæ, уымæй нын нæ зæрдæ барухс кодтай. Мах дæр дæ рохуаты нæ ныууадздзыстæм. Фидар лæуу æмæ дæ ахуыры куыст кæн. Ныр цæугæ уæхимæ æмæ Габомæ хъус, Габойæ мацы сусæг кæн ацы хабæрттæй. А с æ б е (фæныфсджындæр). Бахатыр мын кæнут. Уæ зæрдæ мыл нал фæхуддзæн. (Ацыд). А д т о. Хуыцауæн табу! Афоныл бафтыд нæ къухы Асæбе. Сардо, дæуæн дæр арфæ кæнын, хорз фæцарæхстæ. Асæбейæн нал тæрсын, фæлæ йæм уæддæр хъус дарын хъæуы. Г а б о. Ныр æм æркæсдзынæн, куыд æмбæлы, афтæ. Йæ алы къахдзæфмæ дæр ын дардзынæн мæ хъус. А д т о. Мæнмæ гæсгæ нæ куыст пайда æрхæсдзæн. Куыд баныхас кодтам, афтæ иннæтæм дæр фæдзурæм иугай чызгæй- лæппуйæ. Ардæм сæ чи не ’рбацæуа, уыдонæн та сæ хæдзæрттæм бацæудзыстæм. Хуыздæр ма цы кусæм? Махæй чи нæ фефсæрмы уа, махмæ чи нæ байхъуса, ахæм дзы хъуамæ ма разына. С а р д о. Ахæм хъомысджын куыст мæ зæрдæмæ цæуы. Æрмæст иунæг кæстæры куы раздахæм фыдбылызæй, æрмæст иунæг кæстæры рæдыд фæндагæй куы раздахæм æмæ йæ раст фæндагыл куы сæвæрæм, уæддæр нæ куыст уыдзæн арфæйаг. Кæннод бирæ хистæртæ сæ сæйраг тыхтæ сарæзтой, цал сидты баназын хъæуы зианы, цины, цавæр зæронд бæрæгбонтæ куыд кæ- нын хъæуы, уыдонмæ. Нæ фæсивæд куы нал бæззой, куы фехæлой, уæд ма цымæ кæмæн кæндзысты сидтытæ æмæ бæрæгбонтæ?! Г а б о. Адто, Сардо, куыд уын раарфæ кæнон, уый зонгæ дæр нæ кæнын. Абон сымах мæнæн цы хорздзинад сарæзтат, уый мæнæй никуы ферох уыдзæн. Бауырнæд уæ, цæрæнбонты дæр æз ахæм цæстуарзон æххуыс никæмæй зонын. Кусарт хæсджын уæ дæн æмæ нæм саккаг кæнут хуыцаубоны, мах цæттæ уыдзыстæм алцæмæй дæр. А д т о. Бузныг, Габо, дæ уæздандзинадæй. Кæд нæ фæси- вæдæй кæимæ дзурæм, уыдонимæ дæр нæ къухы бафта абоны хуызæн бадзурын, æмæ Хуыцауы фæндæй бафтдзæн, уæд та ку- сартытæн дæр уыдзæн рæстæг. Сардо, дæ хорзæхæй, Хуыцауы ха- тыр бакæн, фæлæ райсом Лыксийы фырт ам куыд уа, ууыл бацар- хай. Лыкси дæр йемæ куыд уа, афтæмæй. Абонæн уал æгьгъæд фæуæд. Райсом ныл хуыздæр бон скæнæд. Æмбæрзæн.
СÆРГÆНДТÆ Хозиты Барис: ЦАРДЫ ФАРН ÆМÆ ДУДЖЫ РÆСТДЗИНАД 5 ЦАРДЫ ХОС 10 ХÆХХОН ЗАРÆГ 75 ФÆДИС 124 БОРÆХАН ÆМÆ АСÆХМÆТ 181 ЦИНЫ ЦÆССЫГТÆ 238 САУ ХОХÆЙ УРС ДУР НÆ ТУЛЫ 261 ÆФСИНТЫ МАСТ 305 ХЪÆУУОН НЫХАСЫ 320 335
Литературно-художественное издание Кесаев Владимир Александрович ЭЛИКСИР ЖИЗНИ (Пьесы на осетинском языке) Редактор Л.Е.Валиев Художник М Ф.Джикаев Художественный редактор Г.З.Чемджемты Корректор Т.А Казбекова Сдано в набор 03.05.01. Подписано к печати 04.09.01. Формат бумаги 60x84 1/16. Бум.тип. №1. Гарн.шрифта «НеКЮЬ. Печать офсетная Усл.п.л. 19,53. Учетно-изд.л 16,53. Тираж 500 экз. Заказ № Ч$1. С 5. Комитет РСО-Алания по печати и делам издательств. Издательство «Ир», 362040, г.Владикавказ, проспект Мира, 25. Республиканское издательско-полиграфическое предприятие им В.А Гассиева, 362011, г.Владикавказ, ул.Тельмана, 16.