Author: Джанаев С.С.  

Year: 1963

Text
                    Дданайты Сергей
РАДЗЫРДТÆ
КЪОСТАЙЫ ТЫХХÆЙ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ
1963


С(осет.)+8с(осет.) Д40 ЧИНЫДЖЫ ИС: Чендзейы рæвдыд. Чысыл повесть 3 Зонгæ хæдзары 49 Нывты равдысты " 56 Поэты цырт ’ 71 Зæрдæйы цæхæр 83 Зарæг хъуысыд 96 Бетъырбухаг хæлæрттæ ........... 103 „Цæйут, æфсымæртау!./ ’ 119 Джанаев Сергей Сафронович Наш певец Редактор Б. А. Муртазов. Художник В. В. Лермонтов Худож. редактор X. Т. Сабанов. Техн. редактор А. А. Дзгоев Корректоры С. X. Гутиева, В. Т. Сырхаееа Сдано в набор 8-1У-1963 г. Подписано в псч. 16-1Х-1963 г. Формат бум. 70х1081/32. Печ. л. 5,48. Уч.-изд. л. 4,475. Заказ № 418. Изд № 41. Тираж 1000. ЕИ 01482. Цепа 13 коп. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, ул. Гражданская, 2. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.
5ео!^еэ9ет€»ё9€эшэбй ЧЕНДЗЕЙЫ РÆВДЫД I Йары донырдыгæй æрбазгъордтой сывæллæт- гæ. Сæ фæдыл æрбазындысты цавæрдæр барджытæ. Уыдон уыдысты Иуане’ æмæ Тугъан’. — Иликъо! Макси! Цы фестут, цы?! — фехъу’ы’сти Тугъаны хъæр кæртæй. Лæппутæ тыргъæй агæппытæ кодтой лæгты раз^æ. Уазæджы бæх райстой æмæ йæ баластой скъæтмæ. Маккиан3 йæ кæрдзынтæ кæнын фæуагъта æмæ рауади кæртмæ уазджытæм. Се ’сиахсы æнæхъæн афæдз нал федтой æмæ цыма сæ зæрдæтæм хур ныккаст, афтæ æхсызгон сын уыди. 1 Иуане— Къостайы мады æфсымæр. 2 Тугъан — Гуыбаты Андухъапары фыд. Афтæ йæ схуыдтам, уымæн æмæ уыдис æцæгæй Къостайы фыд Леуаны æмном. 3 Маккиан — Андухъапары мад, Тугъаны ус.
Елызбары фырт Леуан лæууыди æд æрттиваг пъа- гæттæ, æнкъардæй, йæ фарсыл — æвзист æхсаргард æмæ хъама, йæ саджил сау зачъетæ — лæгъз фаст, даудта сæ сабыргай йæ фæтæн къухтæй. — Куывд хъæуы, æфсин, куывд! — хъæр кодта Гуыбаты Тугъан. — Амондджын гуырд фæуæд! — Елызбары фырт нæм рагæй нал уыд æмæ йын куывд æмбæлы, — загъта Маккиан дæр, йæ лæджы ны- хас нæ бамбаргæйæ. — Хæрæфырт нын райгуырд, æдылы, æмæ уый тыххæй дзурын... — æмбарын кодта Маккианæн йæ лæг. — Мариаййён райгуырд? — Уæдæ... — Мæ хæдзарыл! йæ фæхъхъау фæуон! Амонд- джын гуырд æй хохьгдзуар фæкæнæд!.Ном ыл æва> рын хъæудзæн. - — Ном ыл’ дысон сæвæрдтой НЗр. — Цы? — Къоста. — Хорз н^м у. — Амондджын гуырд, амондджын’гуьфд! — æм- дзыхæй дзырдтой Гуыбатйе; цингæнгзе," æм# х’æдэгйрмæ. бацыдысты. Æрмæст Иуанё æ’мæ Тугъан кæд с&хъыг-' дзинад басусæг кæнынмæ хъавыдыстьг, уæдд&рсæ хуызыл бæрæг уыд, æмæ сæм Маккиан фæрсæгау сдзырдта: — Мариа^ дзæбæх баззад? — Рынчынæй йæ ныууагътон, — загъта Хегæгкаты Леуан, йæ цæсгом фенкъардхуыз, афтæмæй. — Æмæ уæдæ куыд тагъд рауадтæ? — Æнæ цæугæ нæй мæнæн... Рæстæгæвзæр у... - 4
— Исты хабæрттæ хъусыс? — фарста Андухъапа- ры фыд Тугъан. • Иуане газеты цыдæртæ кастис, фæлæ ницы дзырд- та. Гуыбаты æМæ. Хетæгкаты- .мыггагæн- зындгонд уы- дысты уыцы азты Дагъистаны хæстытæ. Уым Леуанæн йæ.дыууæ зæнджы фæцæф сты, æмæ йын ныр ахæм уымæл рæстæг рыстысты. Фæлæ йе ’нкъарддзинад тынгдæр уыдис Мариайы рынчыныл. йæ иннæ стыр мæттæ та а фæстаг бонты сты, хæххон адæм зæйы бын цæмæй ма сæфой æмæ Мачабелиты1 цагъардзинадæй фервæзой, -г-. Дæ-дæ-дæй! -Мацы йыл æрцæуæд!.. — æрæджиау сдзырдта Маккиан, адæргæй йæ къухтæ йæ дæлæртты -акæнгæйæ, стæй фынг ацарæзта сæ сиахсы цур. . *— Ляцы у нæ дуг, нæ ран. Рынчынæн дзы хосгæ- нæг нæй. Талынг у цард. Рухс æм>,никæцæй кæсы. Уæддæр ма нæ сæхимæ æлвасынц нæ фыдæлты зæхх, .нæ хæхта?.., Зын у цæрæнбынæттæ уадзын, — сагъæс кодта Иуане. .— Ды дзы ис.хорзæй? — дзырдта Елызбары фырт Леуан.—Нæ алыварс, нæ сæрмæ—зæйуæттæ, нæй уыгæрдæнты фæтæнтæ, хуымгæнды зæххытæ... Афтæ зæгъгæйæ, акастис рудзынгæй. Изæрмил- тæ. Хæхтыл æрбадтысты уарыны мигътæ. Цмийы ко- мæй æмæ Мамысонгомæй уазал дымгæ æхситт кодта. Сывæллæттæ: Андухъапар, Иликъо æмæ Макси хъуго- •мæй базгъордтой, сæ къахдзоныгътæ феппæрстой дуармæ æмæ.сæ бахастой хæдзармæ сæ уазал къухты. 1 Мачйбелит.æ т-Гуырддыйы ,аддæртде. 5
Андухъапар æмæ Макси пецы цур алæууыдысты. Елызбары фырт Леуан сыстад. , .— Макси! Андухъапар! — цингæнгæ сдзырдта Ле- уан æмæ йæ даргь цæнгтæ фæйнæрдæм фæхаста. — Цæй стыртæ сыстут! Ахъæбыс кодта лæппуты, стæй йæ дари куырæты дзыпмæ нывнæлдта, сласта дзы мæйы хуызæн дыууæ æвзист сомы æмæ сæ радта лæппутæм. — Кæуыл уæ цал азы цæуы? Скъоламæ уын афон нæма у? — фарста сæ Леуан. — Андухъапарыл — авд азы. Ногбоны скъола- мæ — йæ цæуын афон. Максийыл — æхсæз, — загъта Маккиан. — Æхцайæ сæ ма фыдуаг кæн! — Ницы хъыгдары. Æз сæ мемæ скъоламæ акæн- дзынæн. Дзæуджыхъæумæ, — дзырдта, сабиты рæв- даугæйæ, Елызбары фырт Леуан. — Афицертæ суæвын уæ фæнды? — Фæнды! Фæнды! — дзуапп радта Андухъапар. — О-о! Уæдæ сымах бæгъатыртæ уыдзыстут! — йæ ныхасы уаг бæрзонд систа Хетæгкаты Леуан æмæ йæ сау нымæт йæ уæлæ æрбакодта. — Æмбал ма уын уыдзæн ныр, уæ хæрæфырт Къоста, — загъта Маккиан. — Марадзут, бæхтæ раласут! — схъæр кодта Гуы- баты Тугъан. Сывæллæттæ азгъордтой, Елызбары фырт сæм кæсгæйæ баззад. «Ахæмтæ уыдыстæм мах дæр, — ахъуыды кодта, уыдонмæ бæлгæйæ. — Аив- гъуыдта, уыцы дугæн раздæхæн нал ис». Иуане йе ’сиахсæн нуазæн дæтгæйæ, рудзынгæй арвы хъулæттæм амыдта: — Уарынвæндтæ кæны... Къасара куы æрæхгæна... Нæ фос сæфдзысты æнæ хосæй... Мит Кофи къуырф- 6
мæ1 æрхæццæ ис. Тоссайы2 комыл дæр ма хос ласæн кæм уыдзæн? Тугъан фæсидтис сиахсмæ, æмæ анызтой фæндаг- сар уастырджийы тыххæй, стæй рахызтысты хæдзарæй. Елызбары фырт сбадтис бæхыл æмæ йæ ехсæй ныкъкъæрцц ласта. Бæх фестъæлфыд, чысыл æмбонды сæрты агæпп ласта æмæ хъугоммæ тахти. Андухъа- пар æмæ Макси Цымийы хъæуы лæппутимæ йæ фæ- дыл азгъордтой, стæй донæй куы ахызтис, æмæ сын- дзытæй куы фæаууон, уæд сывæллæттæ исдуг сагъ- дауæй аззадысты, стæй сæхимæ фездæхтысты. II Нары хъæу лæууы къæдзæхыл. йæ иуырдыгæй— Лиайы дон, иннæрдыгæй — Захъайы дон. Айнæгыл — фыдæлты мæсгуытæ, чъырынтæ. Сæ алывæрсты — тъæпæнсæр къæйдурæй хæдзæрттæ, асинтау амæдты- тæ, зæрватыччыты ахстæттау кæрæдзиуыл ныхæстытæ. Нæ дзы уынг бæрæг ис, нæ — фæндаг, нæ — кæрт. Бæрзонд хæхтæ арвыл æмбæлынц. Сæ хуссæрттæ зы- нынц гæмæхтæй, сæ цæгат — нæзы хъæд, миты хъæ- пæнтæй æмбæрзтæй. Гуыркъуымты комæй æрттивынц Лиайы къæдзæхтæ, Тъеплейы цъуппы æнусон цъити- тæ. Иннæрдыгæй Мæлхæры, Дзомагъы æмæ Ручъы хæхтæ баиу сты Захъайы æфцæгимæ. 1 Кофи къуырф хонынц, Цымийы сæрмæ хæхтыл цы са^рвæт- тæ æмæ хосгæрсттæ ис,' уыдоны. 2 Госса —- Зæрæмæджы хосгæрсттæ цы комы сты, уый хуыд- тс-й афтæ. 7
Леуаны хæдзар уыди чъырыны раз, фæсфæдгомау. йæ дыууæ чысыл æнæ авг рудзынджы — Захъайы до- нырдæм; йæ къултæ къæйтæй амад. Къæсæры рахи- зæны — рагон ныхас, æрдзон рæсугъд дурын бадæн- тимæ, цыма сæ барæй счындæуыд, уый хуызæн. Сæ бынмæ Нары дон сыр-сыргæнгæ згъоры.' Елызбар, Михел1 æмæ иннæ зæрæдтæ, стæй Нары хъæуы фæсивæд арæх фæбадынц ныхасы. Ныр дæр та адæм змæлынц уæлхæдзæртты, Поты фæзы2 аргъ- уан æмæ къæнцылары цур. Лæгтæн сæ уæлæ—цæрмын кæрцытæ æмæ уæлдзармхудтæ, сылгоймæгтæн—хуы- мæтæжды хъуымацæй æмæ хиконд тынæй къандзолтæ, афтæмæй æнкъардхуызæй цæуынц алы кæмттæй. Леуаны хæдзарæй уынæр хъуысыди. Елызбары хъæдын сынтæджы цъæх нымæтæй æмбæрзтæй хуыс- сыди Мариа. Хæдзары астæу къонайы сæрмæ ставд нæзы цæджындзыл—луаситæ æмæ кæрдзынтæ ао$уы- нæн дурын къæй. Талынг къуымы — бæрз уисæй быд кауæй цьтхтытæ æвæрæн, къусдон. Мариайы саулагъз цæсгомыл тохнайы хуынкъæй зымæгон хуры тынтæ хъазыдысты. Гыццыл Къоста хуыссыди йæ фарсмæ, цæрдæг тылдта йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ. Хетæгкаты æмæ Гуыбаты устытæ зæрон: дæй, æрыгонæн Мариайы алыварс бадзыгуыр сты æмæ сæ цæссыг калди фырæрхæндæгæй. Мариа сындæг улæфыд æмæ хъæрзыд. Ничи йын ницы зыдта йæ ни- зæн. Хос та кæм уыди! Къостайы райгуырды фæстæ афтæ ахаста йæ низ, æмæ хуыссæнæй нал сыстадис. 1 Бекаты Михел —афтæ хуыдтой Чендзейы лæджы, царды- сты 'Нары къæдзæхы бакомкоммæ хуссарырдыгæй, - 2 Поты фæз — уыди Нары бынмæ хъæды рæбьш. 8
Ныр ма йæ фæлурс былтæ базмæлын кæны искуы-иу хатт, куы ракæсы сывæллонмæ, куы адæммæ. — Исчи мын адзурæд Чендземæ, — загьта Мариа, æмæ сау зæлдаг кæлмæрзæны бастæй йæ сæр разылд- та сылгоймæгтæм. Уыдон кæрæдзимæ бакастысты. йæ хорз æмбал Чендзе никæцæй зынди, æмæ ныр йæ цæстытыл уади. Уадис йæ цæстытыл йæ уарзон лæг Леуан дæр. Уый уыдис дард службæйы. Афæдзы размæ ма йæм кæхцгæнæнты бæргæ фæзынди. Фæлæ ныр мысы, уæд цы рæсугъд бон скодта, уый. Адæм цыдысты Гуыркъуымты коммæ, хохыдзуары куывдмæ. Уыцы райсом Бекаты Бадзи æмæ Елызбары фырт Леуан Сатъатæй рараст сты æмæ æрхызтысты Зæрæмæджы хидыл Цмийы фæзмæ. Дыууæ барæджы дугъ уагътой. Хетæгкаты Елызбары фырт Леуан-иу хаттæй-хатт йæ худ фехста кæрдæгмæ, йæхæдæг-иу æргæпп ласта, стæй та-иу фæстæмæ абадти бæхыл. Ба- дзи та-иу тæхгæ-тæхын уæлбæхæй фелвæста Леуаны худ. Лæппуты хъазтмæ Иуанеты скъæты цурæй касты- сты цыппæрдæсазыккон Туаты Чендзе æмæ йе ’мбал Гуыбаты Мариа. — Æмбисонды дугъ кæнынц! — дис байдыдта Туа- ты Самыры чызг Чендзе. — Æцæг, æцæг! Чи хъуамæ уой? — сдзырдта Ма- риа дæр æмæ æрæвæрдта фаджысхæссæн тæскъ. — Кæцæй фесты? Чи сты, Чендзе? — афарста та Мариа, дыууæ барæджы хъазтмæ кæсгæйæ. — Дæ хуыздæрау фæуай, Мариа! Нæ зоныс Нары Дзапарты хъал лæппуты! Махмæ Сатъаты смидæг сты абон кæхцгæнæнты æмæ сæхи бахъæлдзæг кодтой..;, Сæ иу —^Елызбары фырт Леуан, иннæ — Бекаты Тæгайы’ фырт Бадзи. 9
— Æмæ цы агуырдтой афтæ раджы хохыдзуары бон Сатъаты? Адæм Лиамæ цæуынц дзуары бынмæ, уыдон та махмæ? — хынцфарстгæнæгау загъта Ма- риа æмæ йæ фæлурс цæсгомы хиды æртæхтæ разда- рæнæй асæрфта. — Тагъд сæ нал фендзыстæм... Дард балцы, дам, цæуынц, — дзырдта тымбылдзæсгом, сырхуадул Чен- дзе. — Цы дын æй æмбæхсон, Мариа, минæвар æрба- цыдысты æмæ сæ æз мæхи райстон ардæм, хохыдзуа- ры бынмæ цæуын, зæгъгæ. — Дæ хинтæ та дын зонын, Чендзе, — хъазгæйæ загъта Мариа æмæ, хæдзары дæлбазыры нæзы цæ- джындз йæ рахиз цонгæй æрбатухгæйæ, Цмийы фæз- мæ ныккасти барджытæм. Дзæвгар фæхъазыдысты Дзапарты лæппутæ, стæй Нарырдæм сиргæ-сиргæ, рыггалгæ бараст сты. Хур тынгдæр æртавта. Адæм кæмтты базмæлыды- сты æмæ Гуыркъуымты комыл Лиайырдæм цыдысты кæхцгæнæны куывдмæ. Сылгоймæгтæ тæбæгьты ха- стой чъиритæ, дурынты — арахъхъ æмæ бæгæны. Лæг- тæ семæ кодтой кусæрттæгтæ. — Мах дæр цæуын хъæуы, сихорафон у ныр, — загъта Мариа æмæ ма барджытæм иу хатт фæкаст. — Æмæ цы архайыс, Мариа? Акæн дæ уæлæ исты- тæ, — дзырдта Чендзе æмæ хæдзармæ фæзылди. — Сымах ма цы фæстиат кæнут, Мариа, адæм куы ацыдысты, уæд? — загъта къонайы цур архайгæйæ, йæ мад Госæ. — Цы хуыздæр уыдзæн, Чендзе, разкъæртт къаба æви æнæуи? Мариа чырынæй систа- разкъæртт къаба, камари рон æмæ сызгъæриндонытылд риуыгънæджытёе. Уай- 10
тагъд йæ нарæг гуыр æрбалвæста ирон къабайы, урс кæлмæрзæн æркодта æмæ йæ саулагъз, æрыгон цæс- гом сæрттывта. Араст сты Лиамæ дыууæ æмгары. Цмийы хидыл бахызтысты æмæ фæзы сиу сты балтæ- балтæй цæуæг куывддзаутимæ... Аходæн афон ссис. Лиайы фæзы кæрдæгыл цуай- нæгты фыхтысты дзидзатæ. Нæзыты фæздæг, мигъау, хуры æмбæрзта, стæй къæдзæхты сæрты хæлиугæнгæ цыди. Фæсивæд цалдæр раны фæндырты цагъдмæ хъазт сарæзтой. Кафт стынг ис къуыбырыл. Бадзи æмæ Леуан сæ саргъы бæхтыл уæлвæзмæ схызтысты. Кувæндоны сæрмæ рацыдысты æмæ сæ бæхты къæхтыл сахсæнтæ сæвæрдтой, стæй сæ ауагътой цъæх кæрдæгыл хизын- мæ. Сæхæдæг хъазты балæууыдысты. — Уазджытæн иу кафт! — фæхъæр кодта Гуыбаты Тугъан æмæ уайтагъд астæумæ бамидæг кодтой Бе- каты Бадзийы. Уый ракафыди Мариаимæ, Леуан та —Чендзеимæ. — Уазджытæн æмдзæгъд! Гуыбаты саурæсугъд, тæрсгæ ма фæкæн! — сдзырдта Иуане йæ хомæ. Хетæгкаты Леуан кафт фæци, уæддæр ма Бадзи æмæ Мариа кафынц. Бадзи дамбаца фелвæста æмæ дзы фæгæрах кодта Мариайы къæхты бынмæ. — йе, Хетæджы-фырт, рæсугъд Мариайы дын дæ цæстæй фенæн нæй, цалынмæ балцæй æрыздæхай, уæдмæ! — сдзырдта та Тугъан. Хур æрцæйныгуылди Тъæбæгъæуы1 сæрмæ. Куывд нæма фæци, хъазты кæрон дæр нæма зынди, афтæ 1 Тъæбæгъæу—Нары, Гуыркъуымты комы Лиайы хохы бын ну хъæу. 11
дыууæ æмбалы — Чендзе æмæ Мариа кафджытæй сæхи фæхицæн кодтой æмæ Лиайырдæм хуссæртты базылдысты. Цъититы уазал дымгæ сæ æрыгон цæс- гæмттыл æмбæлди æмæ Мариайы разкъæртт зæлдаг къабайы фæдджитæ фæйлыдта. Чендзейæн дæр йе’ уæхсчытыл цъæх зæлдаг кæлмæрзæн пæр-пæр кодта. Цъыр-цъырæгтæ уасыдыстьк Æнæкæрон рæсугъд æмæ амондджын кастис дыууæ рæзгæ чызгмæ уыцы сахат дуне. Æрмæст-иу рæстæгæй-рæстæгмæ сæ алкæйы цæсгомыл д1эр фæзындис цыдæр сусæг æнкъард- дзинад. Лиамæ бахæццæ сты, æрбадтысты къæйыл. Сæ сæрмæ — бæрзонд цъитиджын хæхтæ, æнкъард къæ- дзæхтæ. — Цы фыдбылызтæ нын æрхаста ацы æнамонд хæст? — дзырдта"Чендзе. ’ - — Хъæбатырдзинад æрмæст тохы равдисынц лæп- путæ, — загъта Мариа. — Æмæ æгас куы баззаиккой, уæд хъæбатырдзи- над дæр хорз у. Фæлæ кæй хъæуы, туг кæуыл ныкка- лой, уыцы хъæбатырдзинад? Дыууæйæ цæуынц: Елыз- бары фырт Леуан æмæ Гуыбаты Тугъан. Чи зоны, цьь хъысмæт сæм кæсы? — Раст зæгъыс, Чендзе. Бæрæг нæу, куыд уыдзæн сæ фæстаг. Æвгъау сты байсæфынæн, — дзуапп рад- та Мариа æмæ суарæй ахуыпп кодта. — Хæст адæмы сафынæн у. — Дæ зæрдæмæ сæ чи цæуы? — æрæджиау афарс- та Чендзе. <-'.-.. — Куыд дын зæгъон, Чендзе? Мах _цы. зонæм? Стæй хистæртæ цы зæгтьон, :уый дæр хъуыдыйаг у... — Леуан дзæбæх у, — загъта Чендзе.— Баврзонд, 12
Н'ар*абгас?æугсау<йагъз, рæсугъд æмæ. хъайтар- чи у, ахæм... Фæлæ Бадзи дæр сабыр, кусаг лæппу у, æр- мæст мæнæн ды’рхуадул æмæ бурхил лæппу мæ зæр- дæмæ нæ нæуы. . — Цы дзурæм ууыл? Алкæмæн дæр йæ амонд конд у, — дзуапп радта Мариа, стæй цырдгомау фе- стад æмæ йæ къабайы фæдджитæ ацагъта. — Нæ, Мариа! Ма зæгъ... Амонд куыд аразай, аф- тæ у, — дзырдта Чендзе, йæ цонгыл ын ныххæцыд æмæ рараст ’сты кувæндонырдæм. — Сæ балцæй уал дзæбæхæй æрыздæхæнт, стæй уæд бæрæг уыдзæн, — балхынцъ кодта Чендзе йæ х-ъуыды, Куывд райхæлди. Адæм фæндырæй цæгъдгæ, тохы зарджытæ кæнгæ, хъæлдзæгæй хъæуæй хъæумæ цыды- с*ы Гуыркъуымты комæй.. Кæм-иу æрлæууыдысты, уым-иу хæдзæртты минас кодтой. "...Бйрæ разстаёг нæ раивгъуыдта. Леуан æмæ Гуы- баты Тугъан ацыдысты хæстмæ. Бадзи ракуырдта Иуанейы хо Мариайы. Дыууæ къуырийы ма уыди сæ чындзæхсæвмæ, афтæ Бадзи рацæйцыди Гуыркъуым- ты комæй Нармæ, йæ бæхы бын их ныттыдта æмæ лæг йæ сæр ныццавта. Стæй амарди. Марна баззадй куырд- уаты, æмæ Елызбары фырт Леуан балцæй куы сыз- дæхтис, уæд æй æрхаста. Чендзе та-ацыди моймæ Бадзийы æфсымæр — Бекаты Бетъремæ... Ныр Мариа хуыссы, æмæ йæ цæстытыл уайынц уыцы нывтæ. Æрæджиау æм бацыдысты Бекаты Ми- хел, Гуыбаты Тугъаи, Иуане æмæ Чендзе дæр. Исдуг адæм се ’змæлдæй фæсабыр сты.- Чендзе Мариайы с’ынтæгыл йæ къух æрæвæрдта, йæ цæстысыгтæ хъæц- цулыл æрызгъæлдысты, бакастис сывæллонмæ, стæй 1-3
аба кодта рынчыны русæн, æмæ йын æрхæндæгæй зæрдгетæ æвæрдта: — Тæрсгæ ма кæн, адзæбæх уыдзынæ. Мариа, уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, ракасти. Чен- дзейы йæхъæлæсæй базыдта. Æнæ дзургæйæ йæ уа- дултыл йæ цæстысыгтæ æргæр-гæр кодтой, стæй са- быргай сдзырдта: — Чендзе, мæ ахсджиаг, мæ фæстаг зæрдиаг фæ- дзæхст — ме ’намонд саби... де ’уазæг... Хæдзары къуымтæй кæйдæрты уынæр ссыди. Ие ’фсымæр Иуане æмæ Маккиан сæхи нал баурæдтой æмæ хæкъуырццæй скуыдтой. Чендзе ныггуыбыр кодта сывæллонмæ, систа йæ йæ хъæбысмæ, Мариамæ бакасти æмæ загъта: — Уымæн ницы у. Цæрдзæн... Сывæллоны былтæ уайтагъд ацахстой усы дзидзи. — 0, хъуамæ цæра! — сдзырдта та тæригъæдгæ- нæг хæларзæрдæ ус, сабийы æрæмбæрзта йæ кæлмæр- зæнæй æмæ йæ рахаста. III Фæссихортыл скъæтты фос дыгътой. Ердотæй фæ- здæг скалди. Леуаны хæдзарæй ссыди кæуын. Цалдæр лæджы къæсæрмæ бахастой нæзы фæйнæджытæ æмæ чырын аразыныл архайдтой. Стуртæ аргæвстой, кæр- ты цуайнæгтæ сæвæрдтой æмæ дзы фыхти хæрнæгæн фыдызгъæл. Æхсæв-бонмæ адæм, цырагъау, лæууыдысты Ма- риайы марды уæлхъус, хъарæг кодтой, рæстæгæй-рæ- стæгмæ хостой сæ уæрджытæ, тыдтой сæ рустæ, сæ сæрыхъуынтæ. 14
Аходæнафон адæм рахастой хæдзарæй Мариайы сау чырыны. Хетæгкаты æмæ Гуыбаты сылгоймæгтæ ныггуыбыр кодтой йæ уæлхъус æмæ куыдтой. Мариа цæргæйæ куыд рæсугъд уыди, афтæ уыди зынгхуыстæй дæр. Иæ былтæ.уæздан æвæрд, йæ цæс- тыты уæлтъыфæлттæ фынæйы хуызæнæй лæууы- дысты... Хуры лæмæгъ тынтæ мигъты бынæй Сыласы. хъæ- уы сæрмæ хохыл сæмбæлдысты. Фæсивæд цалдæрæй бацыдысты, схæцыдысты чырыныл æмæ йæ ахастой нарæг фæндагыл нæзы къохырдæм, Нары сæрмæ. йæ фæдыл адаргъ сты лæгтæ æмæ устытæ. Уазал дымгæ х&хтæй дымдта æмæ хъæды къуыс- къуыс кодта. Марды æрæвæрдтой кувæндоны цур къæйыл. Адæм бамбырд сты уырдæм. Цалдæр зæронды ин- гæны былмæ бахызтысты æмæ сæ иу, йæ даргъ урс зачъетæ тилгæйæ, ахаста дзыллæйыл йæ сау цæстытæ, систа йæ худ æмæ дзырдта сабыргай, ферхæц-ферхæц* гæнгæ, ныхæстæн сæ хуыздæртæ, сæ судзагдæртæ æв- заргæйæ: — Цардхъуаг уыдтæ, бецау; æрыгон, рæсугъд, хæрзæгъдау адæймаг. Æгæр раджы батар дæ, диди- нæгау, хъызт зымæгон боны. Æрмæст нæм хуры ты- нау ферттывтай, ныууагътай нын дæ хъæбулы — чы- сыл Къостайы. Дæхæдæг та цæуыс де ’нусон бынат- мæ... Фæндараст... Чи дыл бафыдæбон кодта мæнæ ацы адæмæй, чи дыл фæхъыг кодта, уыдон фæрнæй цæргæйæ баззайæнт. Уый фæстæ зæронд лæгтæ сыджытæй армыдзæгтæ систой æмæ сæ æркалдтой Мариайы чырыныл. Æрæджиау гуырдзыйаг сауджын æмæ йæ диакъон 15
дæр схæццæ сты, ацаргъуыдтой иучысыл æмæ зианы ауагътой бæндæнтæй арф ингæнмæ... Хисты фынгтæ цæттæйæ лæууыдысты. Адæм бадты- сты Хетæгкаты Леуанты уæлхæдзары æмæ рухсаджы гаджидæуттæ уагътой. — Цы кæндзæн Леуан? Авд æмæ дыууиссæдзаз- дзыдæй бинойнаг æрхаста æмæ фенамонд ис. Иæ иунæг хъæбул дæр дзидзийыл баззад. Чи йæ схæс- дзæн? Чи йæ барæвдаудзæн мадау? — дзырдтой би- рæтæ. Елызбар æмæ Михел бадтысты галуаны къуымы. Сывæллон хъæдын сынтæгыл хуыссыди. Устытæ йæ алыварс æнæдзургæйæ лæууыдысты. — Ничи йæ хъæуы мæхи йедтæмæ, — хъуысыди устыты æхсæнæй Чендзейы ныхас. — Цæй,уМаккæты чызг!.. Гуыбатæн худинаг у сæ иунæг хæрæфырты ам уадзын, — дзырдта Иуане йæ мад Госæ æмæ Андухъапары мадмæ. — Цмийы сыл- гоймæгтæ кæрæдзимæ ракæс-бакæс фæкодтой æмæ ничи бахаста йæ ныфс исты зæгъын Иуанейы ныхæс- тæм. Чендзе сывæллоны тыхтытæ кодта æмæ йæ рæв- дыдта. IV Мæй хæхты сæрæй мигътæй разынд æмæ ирдæй æрттывта. Нары къæдзæхыл иугай хæдзæрттæм рæ- дзæ-мæдзæгæнгæ рухс калди. Даргъ у хæххон зымæг, даргъ сты йе ’хсæвтæ. Уалдзæг æрæгмæ цæуы ацы аз. Мит нæ тайы. Хæхтæ, нæзы хъæдтæ Нары комы æгомыгæй уады ниуынмæ 16
хъусынц. Доны сæры ихыл сывæллæттæ къахдзоныгъ- тæй бырынц, хъултæй хъазынц. Зæронд Елызбар рабадти йæ хуыссæны. Йæ чындз Мариайыл хъыг кæны, йе ’мпылдтæ уадултыл лæдæр- сынц судзгæ цæстысыгтæ. Сыф тамако баппæрста йæ дзыхы, сыстади æмæ лæдзæджы æнцæйтты рахызт хæдзарæй, къæдзæхæй уырдыгмæ миты алæгæрста æмæ Бекаты Михелтырдæм бацыди Чендземæ. Уæрæх хæдзары астæу — тъæпæн къæйтæй арæзт къона. Хуылыдз æхсæлыты æмæ нæзыты фæздæгæй ницы зынди. Къонайы сæрмæ дурын къæйыл Чендзе арыдта тæнæг луаситæ. Елызбар, стыр цæрмын кæрц йæ уæлæ, афтæмæй æрчъиты æнæ сыбырттæй балæу- уыдис йæ цуры. Чендзе уыди æнкъард. йæ фырт Ба- рис цыбыр куырæты, æргъæвстхуызæй бадти къо- найы фарсмæ. —* Фарн уæ хæдзары! — загъта Елызбар. Чендзе лæууыди цæджындзы æнцой, æмæ зæрон- дæн салам радта, йæ сæрæй акувгæйæ. — Лæппуйы абæрæг кæнынмæ æрбауадтæн... Хъызт зымæг скодта. Æмæ ацы гæныстоны хæхты кæд нæ уыд хъызт зымæг! Джинаты, дам, тымыгъты зæй- тæ ракалдысты. Куы ницы æрцæуид нæ хосласджы- тыл. Дадоли1 дæр семæ ис, æнхъæлдæн? — фарста Чендзейы. Ус йæ сæр батылдта уайсадгæйæ, уым ис, зæгъгæ. — Æцци!— гуылæвзагæй райхъуысти, къуымы цы тæрхæг уыд, уырдыгæй сывæллоны дзурын. Чендзе йæм бауади. — Цы кæныс, мæ къона?.. Уазал дын у?.. 1 Дадоли — Михелы кæстæр æфсымæр. 2 Нае эарæггæиæг 17
— Баппа... — сдзырдта чысыл Къоста, йæ сæр ра- даргæйæ. — Рауай бабамæ, мæ хур, — загъта Елызбар дæр æмæ йæм сыстад, йæ хъуынджын кæрцы йæ æрбатых- та æмæ та æрбадти йæ бынаты къонайы цур. Чендзе къуымæй дурыны нозт радавта, хъарм луаси къæйæ систа, æрдихтæ йæ кодта, цыхт æрæвæрдта. Иу хай Барисæн авæрдта, иннæ — Къостайæн. Елызбар сывæллоны рæвдауы. — Уалынмæ дæ фыд дæр зындзæни. Де ’намонд мад дæ ницыуал федта, бецау, — сабьфгай дзырдта зæронд лæг, луасийы фæлмæн æууилгæйæ. — Æцци, — сдзырдта та чысыл Къоста æмæ йæхи баивæзта йæ сызгъæринзæрдæ мад Чендземæ. Зæронд -лæг æрæргъæвта Къостайы зæхмæ æмæ, уый цудтытæ- гæнгæ, азгъордта, стæй фæкалди. Чендзе йæ фелвæ- ста, йæ сау фистæй конд кæлмæрзæны йæ атыхта æмæ уайтагъддæр саби ссардта мады риутæ. Тохнайæ уад дымдта æмæ Елызбары фынгыл мит луæрста. Фæздæг къахта цæстытæ. Къоста æмæ Ба- рис асхъаудтой луасийы къæбæртæ, стæй стыхстысты фæздæгæй, уады къуыззиттæй, мад сæ фæхаста тæр- •хæгмæ, æмæ сæ лыстæны æрнорста цъæх бинаг ны- мæтæй. Елызбар рæвдауæгау, йæ къух æрхаста сывæллæт- ты сæртыл, Чендзейæн арфæтæ ракодта æмæ ацыди. V Æхсæв-бонмæ уад фæниудта. Мит хъæпæнтæ æвæрдта. Бонæй фенцаддæр дымгæ æмæ хуры хъарм тынтæ бакастысты Нары къæдзæхмæ. Елызбар æмæ 18
ма ноджы цалдæр зæронды бадтыегы ныхасы Леузн- ты хæдзары раз, Чендзе, миты лæгæрдгæ, æрхызти сæ цурты, йæ къухы сæнæртты зынгтæ æрттывтой. «Джинат зæйуæттæ у, сæфты бæстæ», — ныхасы лæг- ты дзурын хъуысыди Чендземæ æмæ йе ’уæнгтæ барызтысты. «Дæ-дæ-дæй! Мацы йыл æрцæуа Дадо- лийыл Джинаты!»—йæхинымæр хъынцъым кодта Чен- дзе. Бацыд.хæдзармæ. Барис æмæ Къоста йæ баздæхт- мæ рахылдысты лыстæнæй, нымæты бынæй, æмæ æнæ арт къонайыл бадтысты. Чендзе зынгтæ фæныкмæ бап- пæрста, йæхæдæг адæргæй йæ къухтæ дæлæртты акод- та æмæ хæдзары къуымты разылди, катайгæнгæйæ. «Мæ къона ма бауазал уа... Мацы йыл æрцæуа... Мæ- нæ мæ адоны мæт ис... Сидзæртæй баззайдзысты». — Сывæллæттæ хъуыстой уыцы ныхæстæ, кастысты æн- къардæй сæ мады змæлдмæ, сæ чысыл зæнгтæ куы- рæтты фæдджитæй æрæмбæрзгæйæ. Уыдон мады ка- тайæн ницы æмбæрстой, фæлæ цæуылдæр кæй тыхсы, уый уыдтой. — Æцци! Макæ... нæ гæуы... — дзырдта Кььста, йе ’рттиваг сау цæстытæй мады фæдыл кæсгæйæ. Чен- дзе фембæрста сывæллæтты, фездæхти сæм æмæ сын ахъæбыстæ кодта, сæ рустæ сын рæвдаугæиæ æрсæрф- та. Нæзы цырагъы къæцæлтæ зынгтыл авæрдта, бафу сыл кодта æмæ ссыгъдысты, стæй сын сæ уæлæ хуы- лыдз сугтæ баппæрста. Хæдзары.та фæздæг разылди мигъау. Рæхысыл аг ацауыгъта æмæ æхсыры цымгæ афыхта. Хур бæрзонддæр ссыди æмæ йæ тынтæ тохнайæ мидæмæ ныккастысты. Аходæн афон уыди. — Бæгънæг стут, .суг дæр нæй, — дзырдта Чендзе сабитимæ, хæрыныл æрбадгæйæ. — Дадоли ма зæйæ 19
фервæзæд, уыййедтæмæ нын ’ййцы у,. Зымæг .-фæуы- дзæнг, Ныр мартъи у;.. Мит сæртаидзæн;.. Фæнда? фе- гом уыдз&н Къаеарайы .æм& уын'у& фыд бираё-хрр æрбаласдзæн быдырæй... Бафæразуг-ма, мæ’ хъæбул- тæ.., Урс уæрыкк уын фестон! :: Сывæллæттæ ныфсы æмæ зæрдææвæрæн ныхæс- тæм хъуыстой. Къоста къонайыл бадти æмæ артмæ æдзынæг кастис. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу сзылдта йæ цæстытæ, тохнайæ цы хуры тынтæ лæбурдтой фæ- здæг хæдзармæ, уыдонмæ. Фæла* бирæ нæ ахаста сæ рухс: уайтагъд фæмынæг сты мигътььбын хæхты сæр- мæ, Ногæй та фæталынг, æмæ сабитæ дæр фенкъард сты. -— Истытæ ма радзур, Гыцци, аргъау та ракæн, — йæ бæгънæг уæрджытæ æртухгæйæ, дзырдта Къоста. .— Ракæ нын аргъау! — куырдта Барис дæр, Чендзе ныр кæд аргъæуттыл нæ уыди, кæд Джина- ты хосласджытыл æмæ Дадолийыл йæ зæрдæ рысти. уæддæр фездæхтис сабитæм, фæрухс кодта йæ цæс- гом, фæлæ йæ нал бауагъта тарст хъæр: — Уæ, Бекатæ æмæ Дзапартæ!.. Фæдис!.: Уæ адæм фесæфтысты Джинаты комы!.. Уæлхæдзæрттæй ракалдысты сылгоймагæй, нæл- гоймагæй, сывæллонæй, æмæ Поты фæзы амбырд сты, кæмæ фæрæт, кæмæ фиййаг, кæмæ бел, афтæмæй. Цмийы хъæуæй бахæццæ цалдæр фæдисоны. Саргъы бæхыл семæ—ГуыбатьгТугъан. Уайтагъд фæ- дисонтæ ауылæн кодтой Джинаты комырдæм... — Мæ дондзау, мæ суджы æргъæмттæхæссæг! Дуд- гæ фæбадай, Дадоли! — хъарæг кæны Чендзе. Чысыл Къоста æмæ Барис дæр тымбылæй — йæ разы:-Рæ- » стæгæй-рæстæгмæ сæ хъулæй хъазт фæуадзынц, бай- 20
хъусынц сæ мады хъарæгмæ æмæ сæ цæсгæмттæ фен- къард вæййынц. — Ахъазут, Гыцци уæ фæхъхъау фæуа!. Цы мæм кæсут? Сымах рæстæгкæд хуыздæр уаид,—рæвдауæг хъæлæсæй" дзырдта- Чендзе сывæллæттæн. Иæ пирæ- ныл-иу йæ къухтæ æндæгъдæй аззадысты, Дадолийы- иу куы æрбаймысыд, уæд. Хор ласынмæ фæцыди бы- дырмæ йæ лæг Михел дæр. Æмæ ныр йæ зæрдæ уый бæрц нал рысти Дадолийыл, фæлæ йæ сæрыхицау— Михелыл. «Кæм тухæнтæ кæны Къасарайы йæ хоры уæрдонимæ? Уый ма дзæбæхæй куы æрирвæзид», — сагъæстæ байдыдта Чендзе æмæ чысыл рудзыигæй æнкъардæй кастас къæдзæхтæм, Поты фæзмæ. Кæд- иу уырдыгæй лæгты дзурын, уæрдæтты хъæр æрбай- хъуыстис, уæд-иу дуармæ рауадысты мад æмæ йæ сывæлдæттæ. — Баба тагъд æрбацæудзæн быдырæй? — бафарс- та Барис, йæ ныййарæджы цæсгоммæ йæ цæештæ базилгæйæ. ’ .— Тагъд, уæ нывонд фæуон... Къафеттæ æмæ уын къренделитæ æрбаласдзæн, — зæрдæтæ сын æвæрдта ус. Стæй сыстади, къуымы ауыгъд къалатимæ бауади, хоры кæрдзынтæ дзы райста æмæ сын сæ сылыйы къустимæ сæ разы æрæвæрдта. Сабитæ сæ хъазын фæуагътой æмæ хæрыныл дзуццæджы абадтысты. Чендзе дæр ногæй йæ бынаты йæхи æруагъта æмæ та пырдта къуымбилтæ. VI Дымгæ ниудта. Æрбайхъуысти къæдзæхыл бæхы къæхты хъæр. Лæг уайтагъд мидæмæ бахызт, сау кæрц æмæ фæсмын дзабыртæ йыл, афтæмæй. 21
«Иуане...» — сдзырдта йæхинымæры Чендзе, йæ сæрбæттæн адзæбæхтæ кодта æмæ сыстади. — Фарн уæ хæдзары, — загъта Иуане, йæ ехс йæ цонгыл бакæнгæйæ, тæрхæгмæ бацыди æмæ æрбадти. — Нал мæ равдæлди„нæ хæрæфырты абæрæг кæ- нынмæ... Иуæй скъола, аннæмæй нæ фос æххормаг сты... Ацы миты зæйтæй ма чи уæндыди холлагмæ дæр! Фæлæ Кофи къуырфмæ уæддæр цыдтæн æмæхос ластон. Адæм хъæстытæ кæнынц зæххыты тыххæй æмæ сын фыстон «пърошенитæ», — йæхи рæстытæ кæ- ныныл схæцыд Иуане. Фæлæ Чендзе, Гуыбатæ сæ хъус кæй нæ дардтой сæ хæрæфыртмæ, уый зыдта. Иуане лæппумæ æдзынæг касти æмæ дисы бацыдис, куыд тагъд астыр ис, ууыл. — «Леуан та ракуырдта Сухиты чызджы». — Аф- тæ дзурынц быдырæй æрбацæуджытæ, — загъта Иуа- не фæстагмæ. — Дыккаг хабар та æрбахастой зæрæ- мæггæгтæ: Михел, дам, æрбацæуы... Æнкъард мауал кæнæнт ныр сабитæ. Чендзейы цæсгом уыцы ныхæстæм фæрухс æмæ Иуанемæ нуазæн авæрдта. Уый райста сыкъа, акуывта, стæй йæ куы аиызта, уæд та Къостамæ йе ’ргом раздæхта. Лæппу йæ хæрын фæуагъта æмæ нымæтхуды бынæй тарстхуызæй кас- тис йæ мады æфсымæры хъоппæг цæстытæм. Фæкас- тысты йæм цъæх къоритау, йæ пыхцыл æрфгуытæ та— арсы дзæмбытау. «Мадызæнæгæй дæр хъулæттæ ис, — ахъуыды код- та йæхинымæр Чендзе. — Мариа ахæм нæ уыди. Уый рæсугъд уыд: сæгъдзаст æмæ сауæрфыг...» — Мæнæн ды мæ хо — Мариайы ад кæныс, хохы дзуæрттыстæн! — Ды йæ иунæг уарзон æмгар уыд- 22
тæ, — дзырдта Иуане, æмæ та йæ цæстытæ Къостамæ базылдта. Цы дзы рауайдзæн? Тагъд æй скъоламæ ратдзынæн Барисимæ. Дæлæ Андухъапар, Садуллæ æмæ иннæ лæппутимæ ахуыр кæндзæн. Къоста йæ мады æфсымæры ныхæстæм æнцад хъуыста. Скъолайы кой йын æхсызгон уыди. Фæлæ Иуанейы æрфгуытæ æмæ цæстытæй йæ зæрдæ кæр- зыдта, тарстис сæ, йæ хæрын ныууагьта æмæ хъултæм фæци. — Цом ихмæ, — Къоста æваст сдзырдта Барисмæ. — Цом! Рамбырд кодтой сæ хъултæ, фестадысты æмæ хæ- дзарæй разгъордтой. Къæсæры рахизæны фосдоны кауыл бастæй ауыдтой Иуанейы кæсгон саргъы бæх. — Абадæм ыл, — загъта Къоста. — Нæ хъæуы, Годта. Иуане тызмæг у... Цом дæлæ лæппутæм, — Къостайы къухыл рахæцыди æмæ Поты фæзы, скъоладзаутæ хъулæй кæм хъазыдысты, уыр- дæм ацамыдта... У1Г Фæсаходæн. Уазал дымгæ кæмттæй скъæфта миты гæбынатæ. Сабузтой дæттæ. Фос æрцыдысты хуссары хизæнтæй. Барис æмæ сæ Къоста бафснайдтой. Уый фæстæ къæдзæхæй æдзынæг кастысты, Поты фæзы уæрдоны, алыварс цы адæм æрæмбырд, уыдонмæ. Гуыффæйы уыди голджытæ. Сырх бæх ифтыгъдæй йæ цыппæртæ цагъта цæм доны астæу, йæ сæрмæ мигъау зылди хиды тæф. Михел доны лæууыд æмæ рæтæнагъ- дыл схæц-схæц кодта. Цалх дурмæ сбыцæу. Уæрдон æрæджиау раластой. Фæзмæ йæ куы ратылдтой, уæд лæгты къордæй райхъуыстис кæуын. Чендзе скъæтæй 23
уæлхæдзармæ рауад, æхсыры къæрта тыргъы ацауыгъ- та. Сыхæгты сылгоймæгтæ йæм æрызгъордтой. Михел быдырæй куы æрбаздæхт æмæ йе ’фсымæр Дадолийы зиан куы фехъуыста, уæд хæдзар ногæй иууыл мæрд- джын сси. Фæсивæд бæлццонæн йæ бæх феуæгъд код- той. Салд дзауматæ æмæ хоры къæссатæ мидæмæ ахастой. Кæуын зæлыди къæдзæхæй кæмттæм. Æр- мæст изæрырдæм фæсабырдæр. Адæм бацыдысты фынгмæ. — Уыцы Къасара æмæ ныхасы хæрд — туг сыл ныууара! Бæхтæ цъыфы æмæ ихы сæ гæндзæхтæ цагъ- той, — дзырдта Михел йæ фыдæбæттæ. — Быдыр сыз- гъæрин фестæд! Хор, фос, хос — фаг. Зæйтæй ма фæтæрс, рындзæй хауынæй ма тæрс, фæндаг — фæн- даджы хуызæн... — Мæнæн дзы иу аз кæхцгæнæнты мæ бæхуæрдон ахауди Къасарайæ, хъуыды ма йæ кæнут!—дзырдта зæронд хъæуыхицау Бетъре, Михелы маст цæмæй рох кæна, уый тыххæй. — Уæд æз дæр быдырмæ хор ла- сынмæ ацыдтæн. Дур ратылд æмæ мæ бæхы тæккæ ныхыл сæмбæлди. Змæлгæ дæр нал скодта... Хохы зæдтæн, уастырджийæн фæкуывтон, фæлæ цы!.. Адза- лæй фервæзæн нæй. ■ — Табу сæхицæн. Сызгъæрин тæбæгътæй’сын фæ- куывдæуæд... Искуы ма не ’ххуыс кæнынц уыдон! — загьта сауджын Джиор, йæ уæлæ дзуæрттæ æфтаугæ- йæ. — Алцыдæр хуыцауы уынаффæ у... — Уæдæ, сауджын, Михелы æфсымæр Дадоли цæмæн фесæфти зæйæ? Ие цы кодтой иннæтæ — мæ- гуыр кусæг адæм? Зæдтæ сæ цæуылнæ бахъахъхъæд-. той? — бафарста Бетъре. Адæм ын йæ ныхасмæ лæм- ■ бынæг хъуыстой. 24
— Æртæ хъуыддаджы мæ нæ уырны, — загъта та Бетъре.—Мæрдты исты ис, зæдтæ ис, уый, æртыккаг— хæйрæг ис, уый. — Табу сæхицæн! Æппæтдæр хуыцау æмæ зæдт.æй аразгæ у, — фæцырд та Джиор, Бетърейы ныхæстæм йæ цæсгом ныссырх ис, афтæмæй. Адæм хъуыдытыл фесты. — Хæйрæг дæр ис, зæдтæ дæр, мæхæдæг сæ фед- тон, — дзырдта Михел æмæ бирæ æмбисæндтæ æр- хаста... — Тугъанмæ кæсæм? — æрæджиау базмæлыдысты кæстæртæй чидæртæ. — Тугьаны рад у, — сдзырдта Бетъре. Гуыбаты Тугъан нуазæн систа. — Æз зæгъдзынæн, æддæ чи ис, уыцы бæлццæтты тыххæй, — йæ цæстытæ фынджы уæлхъус бадджытыл ахæсгæйæ, райдыдта уый. — Фыццаджыдæр, не ’сиахс Леуан ракуырдта Сухиты чызджы æмæ амондджын хъуыддаг фæуæд! Дæлæ уыцы сидзæры рæвдауын куыд фæраза. — Хорз сидт у, — сразы сты иууылдæр. —- Æз ма йæм æфтауын! — цæрдæг загъта Бетъ- ре. — Ацы хæхты цы фыдбылызтæ цæуы, уыдонæй тагъд куыд фервæзæм. — Уый дæр хорз у, — сразы Тугъан. — Елызбары фырт, дам, тынг архайы, цæмæй Терчы бæстæйы хица- уад туалтæн быдыры зæхх радта. - Адæм бахъæлдзæг сты уыцы ног хабæрттæй æмæ, кæд сæ бадт Михелы хæдзары зианы тыххæй уыдис, уæддæр алкæйы зæрдæйы дæр цыдæр ныфс бацыд æмæ куывды бадæгау кодтой. Чендзе бынтон фæрæ- 25
уæгдæр ис, Михел ын дзæбæхæй кæй æрбацыдис, уый тыххæй.... Хæхты æрæмбæрзта æхсæвы тар гауыз. Нары къæ- дзæхæй, Сыласæй, стъалытау, сæрттывта нæзы цы- рæгъты лæмæгъ рухс. Бадт райхæлди æхсæвæртыл. Бæстæ бафынæй. VIII Уæлхæдзарыл уалдзыгон хурмæ хъазт стынги, фæ- сивæд кафынц. Мидæгæй æмæ мусы та зæрæдтæ куывды бадынц. Рæгъытæ уадзынц Леуаны дыккаг усæн — Сухиты сауджыны чызг Хъызмыдæйæн. — Мах хъуамæ сæрмагонд сидт рауадзæм нæ хæрæфырт Къостайы тыххæй! — бадзырдта Михел Гуыбаты Тугъанмæ æмæ сауджынмæ. — Чи æмбæлы, уый у, — загъта Тугъан. — Сымах æй барæвдыдтат, схастат æй. Туайон1 ын мады хуызæн фæци æмæ рох нæ уыдзæн йæ фыдæбон. — Æз ыл саргъуыдтон, — фæрæвдзи сауджын Джиор. — Скъоламæ йæ айсдзыстæм тагъд. Хъызмы- дæ та мæ хæлары чызг у æмæ йæ барæвдаудзæн... — Мах талынг стæм æмæ уый æгъгъæд у, — сдзырдта Бетъре дæр. — Сахуыр æй кæнут! Адæм алы кæмттæй хастой хуынтæ. Бадт тыхджы- нæй-тыхджындæр кодта. Хæхтæ зæлыдысты зарынæй. Фæстагмæ сæвзæрд ахæм фæндон: «Сиахс нæм йæхи равдисæд». Кæстæртæй иу ауади æмæ цъусдуджы фæс- тæ хæдзармæ, хистæрты размæ бахызти Леуанимæ., — Мах дæм фæсидтыстæм, — загъта Бетъре. — Мæ 1 Туайон — Чендзс уыди Туаты чызг. 26'
ныхас кæд æппæты зæрдæмæ нæ фæцæуы, уæддæр ал- кæмæндæр йæ зонд цы фæкæрды, уый фæдзуры... Хицæутты раз ды дæ нæ ныфс... Мах стæм мæгуыр адæм æмæ нын дæ тых бирæ уæд... Цы кад дæ ис, уый дын макуы фесæфæд. Мæнæ дæ уазджытæ—Гуытъиа-~ ты Мысырби, йорам — не’ппæтæн дæр кад кæнынц æмæ сæ кад бæрзонд уæд... * Бетъре нуазæн авæрдта Леуанмæ. Уый йæ райста, йæ цæстæнгас ахаста адæмыл, йæ хæдзарыл. Цалдæр азы нал федта йæ райгуырæн къуым æмæ йæм æдзæ- рæг скъæты хуызæн фæкаст. Сисы тигътæ—кæлдты- тæ, рудзгуыты фæрстæ—хæлд, алы ран — æнæфснайд. Фенкъард æмæ, хъуыдытæгæнгæ, зæхмæ йæ сæр æруагъта... — Нæ хистæртæ! — æрæджиау сдзырдта Леуан æрхæндæгæй.—Нæ хæлæрттæ! Хорздзинад æмæ амонд дзыхæй зæгъгæйæ не’сты. Адæм сæ сæхуыдтæг ара- зынц. Мæн уе ’хсæн фæнды ацæрын. Фæлæ сымах. мæнæн цы кад кæнут, уый уын цæмæй бафиддзынæн! Мах хъæуы зæхх, æмæ зæххыл дзурдзыстæм..: Гуы- тъиаты Мысырбиимæ хицæутты раз... Уæ нуазæн бирæ уæд! , Леуа1нмæ иукъорд лæппуйы хæстæг æрбалæууыды- сты æмæ, æмдзæгъдгæнгæйæ базарыдысты: «Айс æй, аназ æй!» г 71еуан сыкъа куы анызта, уæд та уыдон базары- дысты ■ Мысырбийæн, стæй иннæты буц кæнынæн: «Хистæрты.цæрæнбон нын бирæ æрбауа!». Адæм фæ-ч хъæлдзæгдæр сты. Бетъре сæргуыбырæй бадтис, йæ нуазæн йæ къухы даргæйæ... Зарын фенцадис, Бетъре фæразæнгард æмæ та загъта: , —чМæнмæ ма иу сидт ис, хорз адæм! Мариа зæды 27
хуызæн адæймаг уыди, Елызбар дæр афтæ. Рухсаг уæнт... — Рухсаг уæнт...—загътой зæрæдтæ, - Дзæвгар рæгъытæ ма фæуагътой. Дыууæ. боны дæргъы адæм фæцыдысты цинмæ, арфæтæ фæкодтой Леуанæн. Хъызмыдæ хæдзары къуымы лæууыди хы- зы мидæг, разкъæртт къабайы. Чызджытæ æмæ йæм устытæ алæйты бынмæ кастысты æмæ дзырдтой кæрæ- дзийæн: «Цы бæрæг ын ис, куыд уыдзæн ног ус, уымæн». * Аивгъуыдтой цины бонтæ. Леуан йе ’дзæллаг хæ- дзар рæвдзытæ кодта. Фыццаджыдæр цалдæр фысы æмæ иу хъуг балхæдта. Хъæдмæ алы бон цыдис æмæ ласта суг, скъæттæ самадта, систæ бадзæбæхтæ код- та. Хъызмыдæ дæр æддæмæ цæуын байдыдта, марзта уæлхæдзæрттæ, уынгтæ, дон хаста. Фæлæ-иу хаттæй- хатт къæдзæхæй йæ алыварс хæхтæм куы акастис, афтид хæдзары къуымты-иу куы азылди, уæд-иу са- гъæсыл фæци, суынгæг-иу йæ зæрдæ. Быдыры ахуыр уæвгæйæ, усмæ хæхбæстæ ахæстоны хуызæн касти. Хъызмыдæ йæ фыды хæдзары дзаума хъуаг нæ уыдис. Райдзаст уæтты: гауызтæ, стъолæмбæрзæнтæ, фæлмæн къæлæтджын бандæттæ, диван, шифанер,. буфет, гра- мафон, айдæнтæ, лакæй ахуырст пъолтæ. Цæттæ.уыд йæ хæринаг, йæ хуыссæн. Абадгæ чызг кæд уыдис, уæддæр хохмæ, афтид хæдзармæ æрхаудзæн, уый не ’нхъæлдта. Сауджынтæ: Колыты Аксо, Цæлыккаты Алыксандр æмæ йæ фыд уыдысты Леуаны лымæнтæ 28
æмæ * йæ- моймæ радтой. Хæдзары къæсæрыл -хуры хъарммæ лæугæйæ уыцы хъуыдытæ куыд кодта Хъыз- мыдæ, афтæ’ -къæдзæхы фæрстьг йæ размæ бахызти Леуан, йæ къухы — хордзентæ. — Цæй æнкъард дæ, Сухиты чызг? — Уæдæ цæуыл цин кæнон? — æнæбары дзуапп радта ус æмæ Нары донырдæм йæ цæстæнгас азылд- та, Доны сыр-сыр æм Терчы хъæры хуызæн касти æмæ йын æхсызгон уыди. — Ау, уæдæ цæуыл хъыг кæнай? Акæс-ма,- цы рæсугъд бон.. у! Иннæ ахæм — æрдз!.. Хъæд, хæхтæ цъæх адардтой. Цъитидон, суар, уæлдæф, — Леуан хордзентæй сласта дурын æмæ йæ бадардта Хъызмы- дæмæ.—Фен-ма йæ, цы хуызæн дон у, уый. Уартæ Захъамæ фæндагыл, иу верст уыдзæн ардыгæй, уым ис ацы дон. Ахæм суар ис.Лиайы бын дæр, Засыхы1 дæр. Базондзынæ сæ... — ирхæфсыны ныхæстæ кодта Леуан йе ’фсинæн. Хъызмыдæ айста дурын, къус радавта æмæ дзы куы анызта, уæд йæ цæссыгтæ æркалдысты... — Хъæбæр у, нæ?' — Æвзæр нæу. Карз у, — загъта ус, йæ цæстытæ асæрфгæйæ. Дурыны къæрмæг акодта æмæ йæ тæрхæ- гыл æрæвæрдта, стæй уæлартæй райста аг æмæ æр- кодтахъæрмхуыпп, йæхи конд дзул, æрæвæрдта фын- гыл дзидзатæ нозтимæ, къонайыл æрбадтис æмæ та мадзура, æнкъардхуызæй касти рудзынгæй хæхтæм. — Ды ахуыр- нæма дæ ам... Фæцахуыр уыдзынæ, ма тыхс, — сабыр æй кодта Леуан. 1 Засыхг-афтæ хуынди Хаситы хъæу, Нарæй Зруггомырдæм бацæугæйæ. 29
— Цалынмæ дзыхьæдыхалонау иунæгæй ахуыр •кæнон, уæдмæ... Иунæг нæ уыдзынæ, лæппу дæр демæ уыдзæн. — Æрцардта мæ лæппу! — йæхи банцъылдгæ кæн- гæйæ, загъта Хъызмыдæ. Леуан бамбæрста, саби йæхи фæкæсинаг кæй уы- дзæни, уый, æмæ йын æндæр гæнæн дæр нæ уыдис: службæ уадзæн нæ уыд, стæй хицæуттимæ хæххон адæмæн зæхх раттыныл хъуамæ бацархайа. — Цыбыр рæстæгмæ...—дзырдта Леуан,—стæй та зындзынæн... Иунæг нæ уыдзынæ. Нары дæр адæм ис. Чендзе дæм кæсдзæни... IX , Бекаты сæгджын хæдзары зæронд тæрхæгыл бад- тысты лæгтæ. Михел тамакойы сыфтæ æууæрста æмæ сæ йæхи конд бæрз бызычъийæ лулæйы надта. Чендзе Барисы уæхскыл хызын акодта, иу чъири æмæ дзы къус авæрдта. — Ныр цæугæ, дæ нывонд фæуон, фосмæ,—сдьырд- та мад æмæ йæ къухæй рæвдаугæ адаудта лæппуйы сырх уадул. Уый цæрдæг агæпп кодта къæсафæй, Къостамæ йæ къухæй цыдæр ацамонгæйæ. — Уыдон сæ кæрæдзи æвзаг зонынц, — сдзырдта Михел æмæ Чендземæ фæзылди: — Тагъддæр, æфсин, исты!г. Туайон æртæ чъирийы радавта æмæ сæ авæрдта лæгты раз. Къоста фестади къонайæ æмæ дурын райста фынгæй. Елызбары фырт иннæты ныхасмæ нæ хъуыста, йæ пыхцыл сау рихитæ даудта æмæ кастис ,куы Чендзейы фæдыл, куы йæ хъæбулмæ. Уымæн йæ 30
цæстытыл уадысты, Лиайы фæзы-иу Мариаимæ куыд кафыдысты, куыд æй æрхастой... Æвæццæгæн, уыцы уарзондзинад, сабийы бонты чи райгуырд, уый йæ зæрдæйы нæ бамынæг, судзы, цырагъау, æмæ йæ рух- сæй батавта йæ иунæг сидзæры дæр, схъомыл æй кодта... — Сдынджыр ис! — дзырдта уый. — Скъоламæ йæ бакæнут... Стæй, кæд Джинаты æмæ иннæ зæйуæтты цæрджытæн зæхх рацæуа, уæд лæппуйæн дæр быдыр- мæ рухсмæ фæндаг фæуыдзæн!.. — Уыцы амонд та кæмæ кæсы!.. Кæм и зæхх? — Ис, Михел. Кавказы наместничы куы фæнда, уæд Уæрæсейы зæххытæ кæуылты сты!—дзырдта Леуан. — Цыма Хъубаны доны былмæ алидзæк ис, афтæ загъта айфыццаг. — Бæргæ, бæргæ... — сдзырдтой лæгтæ иумæ. -- — Лæппуйы нæхимæ кæнын. Фæлæ уæддæр сыма- хыл ахуыр у æмæ йæ ма рох кæнут, — фæдзæхста Леуан. — Йæ нывонд фæуон Годтайæн! Мариайы рухс цæсгомыстæн, æз æй нæ ауæлдай кæндзынæн! — æр- хæндæгæй сдзырдта Чендзе æмæ йæ цæстытыл ауадис йе ’мбалы хуыз, сæрбæттæнæй асæрфта йæ уынгæг зæрдæйы цæссыгтæ. Лæгтæ фæхъус сты, цыма сæ ивгъуыд царды бонтæ æрымысыдысты, уый хуызæн, стæй фынгæй сыстадыс- ты. Къоста дурын æрæвæрдта къонайыл æмæ Чендзе- йы æнкъардмæ уымæн дæр йæ рустыл йæ цæстысыг- тæ æркалдысты... Зæронд лæгтæ йæм æдзынæг кастысты. — Иæ мад дæр ахæм уыдис, — запьта Леуан дæр æмæ дуармæ ахызтис. 31
Тугъан, Бетъре æмае иннæтæ сæхи систой къæдзæх- .мæ. Цалынмæ хъуыдытæ кодта Къостайы фыд, уæдмæ уыдон æрбадтысты рæсугъд цъæх нæуу-къуыбырыл æмæ сæ алкæй зæрдыл дæр æрлæууыдысты йæ рагбон- тæ. Иуаые дзырдта, куыд фæци скъола каст æмæ ахуыргæнæджы куыст куыд райдыдта. Елызбары фырт дзырдта алы хабæрттæ Терчы бæстæйы хицæут- ты тыхмиты, гæртамхорты æмæ къæрныхты тыххæй. Михел сæм хъуыста æнæдзургæйæ. Уый ахуыр кæнын бæргæ фæндыд, фæлæ йæ рæстæджы скъола нæма уы- ди. Леуан дæр йæхи æгъдауæй цæмæйдæрты сахуыр йæ къух фыссын. Хур Сыласы сæрмæ æртылдис. Æризæр. X Леуан æмæ Хъызмыдæ сæ фосмæ зылдысты. Къос- та фыстæ æмæ хъуг сыскъæрдта хуссæртты хизæнтæм æмæ скъæт æфснайдта. Хъызмыдæ бæхыл саргъ æвæ- рыныл архайдта. Фæлæ йын йе ’хтæнгтæ бæттып гнæ зыдта, скъæт дæр никуы марзта, æмæ йын Къоста «цумайы лæдзæг» уыд... Леуан дзæвгар фæкасти йæ бинойнаджы æнарæхстдзинадмæ, стæй йæхæдæг фев- нæлдта, æмæ йын амыдта саргъ æвæрын, Æхтæнгтæ балвæста, хордзентæ йæ фæсарц бабаста, стæй Сухио- нæн загъта: — Барæвдау-иу лæппуйы! Фæззæджы йæ скъола- мæ арвитут,.. Мæн та тагъд ардæм хъæуы. Иуакейæн дæр бафæдзæхстон... Цæй, тыхсгæ ма кæн, фысс мæм... Ахæцыд идоны рохтыл, стæй уырдыджы фæлæууыд æмæ бадзырдта Къостамæ. Лæппу скъæтæй рауад æмæ азгъордта йæ фыды размæ. Ахъæбыс ын кодта: 32
-*• Æз ’ та дæм рæхджы æрцæудзынæн, Къæдзæхæй æрызгъордта’Барис дæр ’ сывæллæтти- мзе; хъæууон уынаффæдоны раз æрлæууыдысты адæ- мы æхсæн. Леуан ,бæхыл абадт, йæ худ систа æмæ афæлгæсыд хæхтыл. Уалдзæг йæ тæккæ тынгыл уыд. Хуссæртты дзывыртæй бирæтæ галтыл хуым кодтой. Ранæй-рæтты та зæххы гæбæзтæ — раггæндтæ — къул- тыл сау дардтой. Къорд адæймаджы æд хордзентæ æмæ къæпитæ лæууыдысты ныхасы фæзы. Леуан сæм баздæхтис. Уыдон уыдысты Зругæй, Захъайæ, Гуыр- къуымтæй, Нарæй. Сæ фылдæр — фæсивæд. — Цæуæм, Леуан, куыстагур быдырмæ, — загъта иу цъæх цухъхъаджын, сау пæлæхсар нымæтхуд — йæ сæрыл, йæ хордзентæ — йе ’уæхскыл. Леуан базыдта йæ бæзæрхыг хæрæфырт Бырнацты Дзапары. — Фæндаджы тыххæй дзы ахуыпп кæн! — бахатт æм Дзапар, йæ хордзены цæстæй авг сласгæйæ. — Раджы ма у, уæхи фистæгæй дард цæуын хъæу- дзæн, — йæ бæхæй æрхизгæйæ загъта Леуан. Уый зыд- та, фæсивæд бы^ыры хъæуты алырæтты кæй фæпырх уыдзысты^ куыстагур... — Зæх’хы тыххæй кæнæм ахæм тухæнтæ, — дзырд- та дарддæр Леуан æмæ арфæтæ кодта кæстæртæн, дзæбæхæй, æнтыстдзииæдтимæ сæ хæдзæрттыл фæс- тæмæ куыд сæмбæлой, уый тыххæй. — Худинаг бæргæ у, быдираг хъæздыг къуыдип- пытæм æххуырсты куыст кæнын! — чысыл фалдæрæй йæ ныхас æрбаппæрста мæгуыр Беро дæр. Уый уæл- дай мæсты æмæ хæлæг кодта бонджынтæм. Алы аз ^уалдзæгæй, фæззæгæй, Беро цыди быдырмæ хоры куыст кæнынмæ. Сæрды бонты та-иу фиййау уыд. 3 Нæ зарæггæнæг 33
Леуан æмбæрста уыцы тыхстдзинад. Æмæ бæхыл куы сбадтис, уæддæр ма йæ фæдыл хъæр крдтой: — Зæххы хъуыддаг нын ма ферох кæн! Сывæллæттæ йæ фæстæ азгъордтой Сыласы бын- мæ, стæй уым æрлæууыдысты æмæ кастысты, цалын- мæ къæдзæхæй нæ фæаууон ис, уæдмæ. XI Сухион тъахтиныл йæ хуыссæн батымбыл кодта æмæ къæсса райста. Къоста тæрхæгыл, ньщæты бынæй йæ сæр радардта, æмæ касти фыдыусмæ. —’ Хъусыс, лæппу! — басхуыста йæ Хъызмыдæ æмæ йын æлхынцъæрфыгæй -загъта: — Мах скъудатæм цæуæм Къасарамæ, дæлæ ме ’мбæлттæ мæнмæ кæсынц. Ды уæлæмæ сыст æмæ фос аскъæр, скъæттæ рамæрз. Уæртæ къалатийы — луаси, сылы — къуыстилы æмæ-иу бахæр. Къоста йæм хъуыста нымæты бынæй... Леуан куы ацыди, уæдæй фæстæмæ иуран никуы æрбадти. Сæрд ыл аивгъуыдта хæдзары куыстыты. Кæд ын Чендзеи- мæ бартæ уыди ауайынæн, уæд ныр Хъызмыдæимæ йæ цард фендæрхуызон. Уый нал уæндыд къонайыл æнцад абадын, хæдзары ахъазын, лæппутимæ азгъо- рын. Къоста фæгæпп ласта æмæ фос Лиайы донæй фæ- фале кодта. — Годтайы уынут! Уый мæ лæппу у! Куыд раджы ратардта фос, — сæрыстырæй, рæвдауæн хъæлæсæй сдзырдта Чендзе, скъæтæй йæ фæдыл акæсгæйæ. Барис азгъордта Къостайы размæ: 34
— Æз дæ рагæй нал федтон. — Цом Гыццимæ! Дзуры дæм... Лæппутæ баздæхтысты Михелтæм. — Гыцци дæ фæхъхъау æрбауа!—цинтæ байдыдта Чендзе лæппуйыл æмæ йæ акодта йæ хъæбысы. Мах хæдзар дæр дæ хæдзар^ у, æмæ-иу æрбауай! — Сухион æй нæ уадзы, Гыцци!—загъта Барис.— Иу бон мæнæргъытæм ацыдыстæм Тыфхъæдмæ æмæ йæ бафхæрдта. — Мæрдты рухсаг уа Мариа! Уый дын æгас куы уаид... — дзырдта Чендзе æмæ суынгæг йæ зæрдæ, Къостайыл куырæты мидæгæй чъизи хæдон куы фед- та, æмæ йын йе ’скъуыдтæ æрчъитæм куы æркасти, уæд... «Сидзæр у...» — хъуыды кодта уый. Стæй саби- йæн ныфсæвæрæгау афтæ: — Додой мын йæ къона кæны!.. Æз та Сухиты хъал чызгæн цы хъæуы, уый зæгъдзынæн. Уыцы митæ йын куы зонид дæ фыд... Чендзе бирæ рæвдауæн ныхæстæ фæкодта лæппу- йæн. Сывæллæттæ хордтой, уæлибæхтæ æмæ хъæлдзæ- гæй сæ мадмæ хъуыстой. Æрæджиау Къоста фестад æмæ Барисы къухмæ февнæлдта: — Цом! — Кæдæм? У1 *) — Зæрæмæгмæ... Цмимæ, фенæм... — Цом, — сразы Барис дæр. — Цæут, мæ хуртæ! Дæ мадырвадæлтæ — Гуыба- тæ уым сты, Годта, æмæ аирхæфсут уæхи, — загъта сын Чендзе.—. Æрмæст-иу афоныл æрбаздæхут! Лæппутæ рараст сты, Поты фæзмæ бахызтысты æмæ скъолайы цур, се ’мгæрттæ кæм хъазыдысты, уым сæ размæ фесты Андухъапар, Васнл æмæ Садуллæ. 35
; Иуане Зæрæмæгæй Нармæ цы бæхыл цыди, уый цæджындзыл бастæй куы ауыдтой, уæд Къоста баз- гъордта æмæ йыл абадти. Уайтагъд Поты фæзы йæ тъæбæртт ссыди. Уый ахæм дугътæ уагъта, æмæ йæ чи федта, уыдон ын фыдбылызæй старстысты, кастысты йæм, циркмæ кæсæгау. — Æппары дæ! — хъæр кодтой йæ фæдыл. Дзол- тъо-молгъомæ рауадысты Иуане æмæ сауджын Джиор дæр. — Уæ, хохыдзуар дыл йæ бæллæх сæвæра! — дзырдта мæстыйæ Иуане æмæ йæ армытъæпæнтæ кæ- рæдзиуыл æрхоста. — Хæйрæг хæрæфырт дын фæци, — йæхиуыл дзуар бафтаугæйæ, ,загъта сауджын дæр. Фæлæ бирæ нæ ахаста уыцы дугъ: идон йæ къухтæй феуæгъд æмæ бæх къанауырдæм бахаста лæппуйы. Къоста йæ сæр- ты асхъиудта. Бауадысты йæм. Иуане йæ фелвæста. Сауджын та ноджы йæхиуыл дзуар бафтыдта. Лæппу хорзау нал фæци, афæлурс ис. Андухъапар ын йæ рыгтæ æрцагъта. Иуане нал фæлæууыд æмæ йын йæ хъус сивæзта: — Скъолайы дæр мын ахæм фыдуаг митæ кæндзы- нæ? Дæ амонд уыд æмæ фæлмæнмæ æрхаудтæ, уый- йедтæмæ ме ’фсон фæуыдаид дæ фыдбылыз. — Сухионæн та æхсызгон уыдаид, — фелхыскъ кодта сауджын. — Æз сымах тарстæй фæтарстæн,- æндæра мæ бæх нæ аппæрстаид, — æрæджиау сабырæй загъта Къоста. — Тагъд мидæмæ рацæут! — тызмæгæй радзырдта Иуане, йæхæдæг йæ бæх’ фæстæмæ цæджыидзыл æр- ;баста æмæ сауджыны фæстæ барасти скъоламæ. Ба- ^калдысты сывæллæттæ дæр. 36
; Уыдис дзы, æгасæй дыууæ къласы. Хуымæтæджы къæйдурæй — йæ къултæ, нæзы.хъæдæй — йæ бандæт- тæ æмæ . стъолтæ. Æгæр-мæгуыр лæгъзгонд «дæр нæ уыдысты. Æрмæст-:-фыссæнфæйнæг — -сау ахуырст æмæ, йæ цуры цы чысыл стъол уыди ахуыргæнæг Иуанейæн, уый раз ныр бадтысты дыууæйæ дæр æмæ гæххæттытæ фæлдæхтой... Ахуыры аз ныр тагъд райдайдзæн æмæ скъоламæ цæуын афон кæмæн у, уыдоныл сæ æрзилын хъæуы Гуыркъуымты комæй Зруггоммæ... — Сауджын, ды аргъуыдтай уыцы æрра лæппу- йыл? — фарста Иуане. — Кæуыл, Къостайыл? Æз. Хорз æй хъуыды кæ- нын,—загъта Джиор. — Цал азы йыл цæуы? — йæ æстæймаг у. — Кæд авд? Афон ын нæма у... — дзырдта Иуане æмæ та цалдæр цъары рафæлдæхта. — Мæнæ! — цингæнæгау сдзырдта æрæджи’ау Иуа- не æмæ кæсы: «15-æм октябры 1859 азы, Нары хъæуы цæрæг Елызбары фырт, прапорщик Хетæгкаты Леуд- нæн, йæ ус Гуыбаты чызг Мариайæн, — дыууæ дæр чьь рыстæттæ, — райгуырди лæппу, Къоста. Аргъуыд æр- цыдис 1860 азы 6-æм январы, дзуарæфтауæг, номæ- вæрæг Тъæпæнхъæуы цæрæг Дзидаханты Гуда. Нары приходы сауджын Балаты — Хетæгкатыч Георги». — Ды йыл саргъуыдтай?! — «Æз» дын куы загътон. Барисыл дæр æз. Уы- дон иу аз райгуырдысты. Ныр у 1868 аз. Цæуы сыл æстгай азтæ. . — Æцæг у, — сразы, Иуане. — Ныффысс сæ фыц- цæгæм къласы ахуыргæнинæгты номхыгъды... 37
Стæй Иуане лæппутæм аздæхти æмæ сын загъта: — Андухъапар, Садуллæ... Сымах ацæут Гуыр- къуьшты коммæ æмæ мьгн æрхæссут, скъоламæ афон кæмæн у, уыцы сывæллæтты номхыгьд... XII Дыккаг бон лæппутæ фæзылдысты хъæутыл æмæ сын цы хъуыддаг баргонд уыдис, уый сарæзтой. Та-Г лынджы æхсæвиуат бакодтой: Андухъапар — Къостаи- мæ Леуантæм, Садуллæ та — Барисимæ Бекаты Ми- хелтæм. «Цымæ, Сухион æрбаздæхт Къасарайæ? Скъудатæ æрбахаста æви нæ?» — ахъуыды кодта Къоста, Анду- хъапаримæ хæдзармæ бацæугæйæ. Къоста къалатимæ бакастис æмæдзы луаситæсис- та. Уыдон, Хъызмыдæ кæй ныууагъта райсомæй, ахæм- тæ уыдысты. Дуары хъæр фæцыдис æмæ фыдыус ба- хызтис мидæмæ, æхсыры къæрта йæ къухты, афтæмæй. — Дзæгъæлхæтæг, æрцыдтæ? — фæхъæр ыл ласта æмæ йæ цъæх цæстытæ схъулæттæ кодта лæппумæ. — Æз дын куыд бафæдзæхстон?! Скъæттæ нæ ныммарз- тай, фосмæ нæ базылдтæ æмæ адзæгъæл сты. Мæ туг мын банызтай. Дæ туг акæла! — алы тардзæгъдæн кодта ус, стæй цæнгæт аджы гуымбыл ахсыныл æр- бадтис... — Сухион, мах Иуане арвыста Гуыркъуымтæм! — Æмæ исты къулертæ стут? Цæмæ уæ арвыста? — Ног азы ахуырмæ цæуын афон кæмæн у, уы- донмæ. — Уый сымах хъуыддаг у? Фидиуæг та ма цæ- мæн ис?! 38
— Къостайы дæр скъоламæ ’цæуын хъæуы, — загьта Андухъапар. — Æрцардта мæ... Йæ сæр мын атъæпп уа, уыцы сæлхæрæй кæд ницы рауайа! Лæппутæ ныхъхъус сты. Къоста къонамæ ныккас- тис æнкъардæй. Ие ’уæнгты ризæджы хуызæн бацыд, æмæ йæ дзы- хæй ныхас нал хаудис. «Кæрæдзимæ куыддард лæууынц Чендзе æмæ ацы фыдсыл», — хъуыды кодта Андухъапар. «Зындоны бахаудтæн. Куыд уыдзынæн аимæ? — лæппуйы зæрдæйы хуынчъытæ кодта сагъæс æмæ йæм йæ фыдмæ лидзыны фæнд фæзынди. — Фæлæ куыд? Кæимæ?». Андухъапармæ баздæхтис æмæ йæ сабыргай бафарста: — Ды Нары скъола каст фæдæ? — Фæдæн. Ныр та горæты ахуыр кæндзынæн. Ма тæрс, Годта, ды дæр ахуыр райдайдзынæ, — зæрдæтæ йын æвæрдта. Хъызмыдæ зулмæ бакастис лæппумæ, стæй схуыс- тæй загъта: — Куыннæ мæ сараздзæни йæ ахуырæй! Хæдзары фæкæсынæн дæр ахуыр хъæуы? Дæлæ къорайы арт нæма ис!.. Уæртæ суг æрцæттæ кæн. Кьоста фестад æмæ къуымæй чысыл фæрæт райста. Андухъапар дæр йæ фæдыл рауад. Мусæй æрбахастой нæзытæ, Къоста знон йæхæдæг хъæдæй кæй æрласта, ахæмтæ. — Зынг дæр нæй. Зынг æрбадавын хъæуы дæлæ Балатæй, сæ рухс цæуы, — бафæдзæхста Сухион. Къоста уайтагъд сæнары зынгимæ æрбаздæхти æмæ къонайыл сугтæ ссыгъта. Хæдзар фæздæгæй бай- 39
дзаг. Лæппутæ сæ цæстытæ æууæрстой. Хъызмыдæ артдзæстыл архайдта картофы хъæрмхуыппыл æмæ уый дæр рæстæгæй-рæстæгмæ сæрфта йæ цæстысыгтæ. Æхс&вæр афон ссис. Къоста æмæ Андухъапары раз Хъызмыдæ æрæвæрдта хъæрмхуыпп æмæ луаситæ; Фæлæ сæ хуыссæг фæбынæй кодта фæлладæй æмæ ’ тъахтиныл цъæх ньщæтыл бафæлдæхтысты. Æрмынæг ис нæзыты рухс дæр æмæ уæлхæдзары хуынкъæй мæй бакасти хæдзармæ... Къуымæй, ногзад уæрыччыты разæй, цыди, Хъызмыдæйы хуыррытт. Хъуыстис Нары доны сыр-сыр, айнæгыл сæхи хойгæ, доцы уылæнтæ зæрдæйы уагътой, цыдæр рæсугъд зарæгау, ныфс. . у XIII Фæззæг ралæууыд. . Ног ахуыры аз сывæллæттæ райсомæй æрæмбырд сты скъолайы фæзмæ. Бацыды- сты сæм, Къоста æмæ Барис дæр. Иуане сауджын Джиор æмæ цалдæр лæгимæ лæууыд къæнцылары цур. Дзæнгæрæджы хъæр райхъуыстис æмæ къласмæ бацыдысты. Сæ фæдыл ныххал сты, хърихъуппытау, сывæллæттæ дæр. Иу, къласмæ бахызт Иуане, иннæ- мæ — сауджын. *— Сбадут! — загъта Иуане æмæ сабитыл йæ цæст ахаста, стæй сæ, сыстын кодта. Уыцы сахат дыккаг къласæй райсомы аргъуыды зарын айзæлыди. — Хъусут? Уыцы зарæг сахуыр хъæуы, — дзырдта- Иуане æмæйæрайдыдта йæхæдæг хайгай зарын. Иæ фæдыл ныхæстæ дзырдтой сывæллæттæ дæр æмæ за- рыдысты. Уый фæстæ сæ сбадын кодта. Кълас нысса-. быр ис. Æрмæст ма Иуанейы дзурын хъуысыди. Уый сын амыдта партæйыл бадын, нымайын. 40
— Дзидаханты лæппу, ацу-ма фæйнæгмæ,—загъ- та ахуыргæнæг æмæ йын рахæцыд йæ къухыл. — Ды дæр, мæ хæрæ’фырт, — ацамыдта Къостамæ. — Ды дæр, Балайы-фырт. Скъоладзаутæ æхсæз баисты фæйнæджы цур æмæ æфсæрмыхуызæй æнхъæлмæ кастысты, сæ ахуыргæ- нæг сын цы зæгъинаг у, уымæ. — Равдисут-ма уæ къухтæ! — Нæ хæхты дон нæй? Зæйтде æмæ нæ дæттæ куы ласынц... Цæуылнæ æхсут уæхи?.. Къоста, дæ хæдон чъизи цæмæн у? Ницы дзуры. — Æз æй зæгъдзынæн! — фæстаг партæйæ ра- хъæр кодта Барис. — Дæу нæ фæрсын! Къостайæн йæхиуыл дæр дзых ис. Бæхыл ма сбаддзьГнæ? — фæрсы йæ дарддæр Иуане. — Сымахæн та цы æфсон ис? Ацæут уæ бынæттæм æмæ уыцы хуызæнæй уæхи мауал равдисут! — фæком- коммæ ис иннæтæм дæр... Урок фæци. Лæппутæ дыууæ къласæй дæр ракал- ^дысты кæртмæ æмæ цъæх нæууыл хъазыдысты. Барис æмæ Къоста бацыдысты Чендземæ æмæ йын радзырдтой се ’скъолайы хабæрттæ. — Ахуыр хъæуы, мæ хуртæ, ахуыр. Мах талынгæй кæй баззадыстæм, уый нын æгъгъæд у, — дзырдта Чендзе æмæ сын сæ разы æрæвæрдта хъæбæрхоры кæрдзын, цыхт, сылы.—Дæлæ Садуллæ, Андухъапар. æмæ Васил афардæг сты горæтмæ ахуыр кæнынмæ. Сымах дæр ам каст куы фæуат, уæд ацæудзыстут, — Куыд ахуыр кæнæм? Мах хъæуы тетрæдтæ’ абеты чингуытæ, ручкæтæ. — Ууыл ма тыхсут, — ныфс сын æвæрдта Чендзе. 41
Лæппутæ мады ныхæстыл бацин кодтой, æмæ хæ- дзарæй рацыдысты, Хъызмыдæ сæ размæ фæцис куы- ройы цур. — Кæм та дзæгъæл хагтыс, емынæйы фæллад? — Скъолайæ æрбацыдыстæм, — загьта Барис, — æмæ махмæ уыдыстæм. — Мæн абеты чиныг æмæ тетрæдтæ хъæуы,—тæрс- гæ-ризгæйæ дзырдта Къоста. — Æмæ дын сæ цæмæй балхæнон?.. Дæ фыд дын цы æхцатæ ныууагъта, уыдонæй?! — бахъуыр-хъуыр кодта Хъызмыдæ æмæ бацыди куыроймæ. Лæппутæ сивгъуыдтой Леуантæм. Хæдзары арт сыгъди, къæйыл—кæрдзыны муртæ. Сабитæ сæм нæ бавнæлдтой: сæхи къæбæртæ цыхтимæ хордтой. Стæй Къоста фæныкæй систа сау æвзалы æмæ къонайы цур цы къæйтæ уыди, уыдоныл хæххытæ кодта. Барис æм æдзынæг фæкастис, хæлæггæнæгау. ’Дуа- ры хъæр фæцыди. — Цы хъулæттæ кæныс, гуыбынниз дæ ахæсса? — фæтъæнг ыл ласта Хъызмыдæ, æвиппайды Чендзеимæ хæдзармæ æрбахизгæйæ. — Сидзæр у, Сухион, æмæ йæ ма схой, — дзырдта Чендзе фыдыусæн. — Сывæллæттæ истытæй фылдæр цы фæкæнынц!.. — Уæдæ дæлæ Барис ахæм цæуылиæ у?.. Ай та къултæ хъулæттæ кæны. Ницæмæ фæкæсдзæн... Уьь мæн ма чиныг радт!.. Цы дзы рауайдзæн?!. — Алкæмæн дæр йæ амонд конд у, Мæ хур, — загъта Чендзе æмæ, куыройæ цы ссады тæбæгъ æрба- хаста, уый радта Хъызмыдæмæ. — Æфстау кæрдзынхор? Бадавдзынæн дын æй, — дзырдта Хъызмыдæ. 42
— Æз мæ лæппуйæн æфстау нæ дæттын, — загъта Чендзе, æмæ сывæллæттæ дæр йæ фæдыл ахызтысты. Хъызмыдæ Кьостамæ хъæр кодта, фæлæ йæм лæгь пу нæ ракаст. Уайтагъд Чендзеимæ къæдзæхæй ныз- гъордтой коммæ, Бекаты Михелтæм. Мад хæдзары рудзынджы къуырфæй раласта, Ми- хел æм ды æхцатæ радта, уыдон. Ауади фæзы дука- нимæ. Цалдæр минуты фæстæ фездæхти æмæ стъолыл æрæвæрдта чингуытæ, тетрæдтæ, ручкæтæ Къоста æмæ Барисæн. Сабитæ сæм цингæнгæ февнæлдтой... XIV Сæрдыгон хуры тынтæй Нары комы хæхтæ æрт- тывтой. Кьултыл рог дымгæйæ бур-бурид хоры хуым- тæ зæу-зæу кодтой. Алы кæмттæй хæххон адæм ахо- дæн афон правленийы размæ цыдысты сходмæ. Поты фæз дзыллæйæ æмызмæлд сси. Чызджытæ æмæ лæп- путæ фæндыр рахастой æмæ аргъуаны цур цъæх нæу- уыл кафыдысты. Æддæдæр та, Нары доны былмæ хæс- тæг, бадтысты дыууæ сабийы. Кьоста касти, "стæй рæстæгæй-рæстæгмæ цыдæртæ архайдта. Барис та æлыгæй арæзта тъæпæнсæр хæххон хæдзар, конд æй куы фæци, уæд ын йæ къонайы арт бандзæрста æмæ йæ тохнайæ скалди фæздæг. — Хорз у! — раппæлыд Кьоста йе ’фсыма’фæй. -^ Ды та цы скодтай? — афарста йæ Барис дæр æмæ йын йæ гæххæтт райста йæ къухтæй. — Æцæг хæхты хуызæн сты. Дзæбæх рауадысты!.. Хъызмыдæ та дæм хæцгæ кæны. Ницæмæ, дам, арæх- хыс. 43
, — Æз æй нæма фæдæн... Фос ма дзы равдисын хъæуы. Уалæ, кæсыс, ныр цы хуызæн сты! — Къоста ацамыдта къулмæ, дзугтæ хизгæ кæм ссыдысты, ’уыр- дæм.1. ^ -/'.'., " ’ . .- — Кæс-ма, Къоста! Дæ фыд! Лæппу фестъæлфыд, фестад.æмæ фатау "атахти адæмы къордмæ. Р1æ фæдыл азгъордта Барис дæр. Хъæуыхицау Бетъре лæууыди тыргъы’æнæ худæй, йæ карды сæрыл хæцгæйæ, йæ хъуырыл æрттывта даргъ рæхыс. Йæ фарсмæ лæууыдысты дыууæ афице- ры. Сæ иу уыди Къостайы фыд, иннæ — йæ ха’стон æмбал Гуытъиаты Мысырби. — Чысыл ма басабыр ут, хорз адæм! — сдзырдта фæсусгомау хъæлæсæй хъæуыхицау Бетъре. Мæнæ нæ уазджытæ сæ ног хабæрттæ фехъусыи кæнынмæ хъа- вынц. Леуан размæ ракъахдзæф кодта, йæ къух систа хæрдмæ æмæ æнцадгай дзырдта х.æхты зын фадæтты тыххæй. Тынгдæр йæ ныхас уыдис æлдæртты æмæ окруджы хицæутты, сæ фæсдзæуинты фыдмиты тых- хæй: — Æгъгъæд у мачабелитæн цагъары куыст кæ- нын! Æлдæрттæ, гæртамхор чиновниктæ хъалоны бын фæкодтой адæмы. Уыцы æнаггæгтæ арт æндзæрстой Нары æмæ Тибы цæрджытыл, стыгътой сæ. Хъуыды ма кæнут, мæсгуытæ куыд рызтысты кънйаз Андрони- ковы сармадзанты нæмгуытæй, куыд сыгъдысты, уы- дæттæ? Пъырыстыфы фæсдзæуин Херхеулидзейы амардтой, къордыхицау Смиттен лидзæг фæциМамы- соны æфцæгыл. Ныр адæмæн фадат ис быдыры „зæх- хытæ æрцахсынæн. Мах Мысырбиимæ Хъубанмæ ли- дзæм. Уым хицауад нæ хæхбæстæн радта зæххытæ... 44 ^
Бетъре дæр загът’а: — -Кæй фæнды алидзын, уый номхыгъды йæхи ныффыссæд. — Мах не ’ппæтдæр разы стæм уыцы хорз хъуыд- дагыл! — адæмы æхсæнæй дзырдта мæгуыр Ьеро. — Цæмæй зоныс, се ’ппæтдæр разы сты, уый? — бафарста йæ иу ацæргæ лæг. Адæм æм акастысты. Уый уыди Хъасай, йæ фос æмæ йæ хорæн ныккæнæн кæмæн нæй. — Хъасайæн ам дæр хорз у, сæудæджерыл хæст у: цы æфцæгыл нæ ахызт Хуссармæ, ахæм нал баззади... — Уый æфсæст у, фæлæ мах нал фæразæм ам, — дзырдтой Беро æмæ Дзапар. Адæм кæрæдзийы фæдыл цыдысты Бетъремæ æмæ сæхи фыстой ног зæхмæ лидзджыты номхыгъды. Дыккаг бон алы кæмттæй цыдысты уæрдæттæ æд фос, æд бинонтæ, раст кодтой Хъубаны быдыртæм, Лабæмæ. Сæ фæстæ цыдысты саргъы бæхтыл Леуан, Мысырби æмæ Бетъре дæр. Хъызмыдæ, йæ чызг Уæл- гъа йæ хъæбысы, афтæмæй бадти уæрдоны, Къостайы фарсмæ. Иуане, Чендзе, Барис, Михел, цалдæр усы æмæ лæджы скъоладзаутимæПоты фæзы цæуджыты фæдыл, «хæрзбон», зæгъгæ, тылдтой сæ къухтæ. XV Ралæууыд августы мæй. Леуан Къостайы æрласта горæтмæ Сухитæм æмæ цæуын райдыдта прогимназ- мæ. Васил æмæ Андухъапар уыдысты хистæр кълæс- ты, Къоста та — фыццæгæм къласы. Кæд сæ а^хсæз азы кæстæр уыди йе ’мбæлттæй, уæддæр асæй уыдо- нæй къаддæр нæ зынди. 45
Скъолайы стыр тыргъы къултыл -цы алыхуызон сырдты æмæ мæргъты нывтæ ауыгъд уыди, Къоста уыдонмæ кастис алы райсом урокы разæй. Йæ цурты- иу ахуыргæнджытæ цыдысты, лæппутæ хъазыдысты æмæ-иу дис кодтой, цы дзы ары диссагæй, зæгъгæ. Иухатт Андухъапар йæ уæлхъус алæууыд: — Мæнæ ус хъуджы куыд дуцы, æз уый скæн- дзынæн. Къоста нывмæ дзæвгар фæкасти, стæй загъта: — Ай дæр нæхимæ хохаджы хуызæн скæнын хъæуы. — Куыд? — Ныртæккæ йæ фендзынæ... Хохаг хæдзар. Скъæт. Ус дуцы хъуджы. Иæ род йæ цуры, — дзырдта Къоста æмæ кърандасæй райдыдта хæххытæ кæнын. Куы фæци, уæд кълæстæ—афтид. Уынгмæ рацыдысты. Уым адæм хъæлдзæг змæлд кодтой. Булвармæ бахæц- цæ сты. — Садуллæмæ бауайон мæ къаммæ, — загьта Ан- духъапар æмæ базгъордта хуызисæгмæ. — Уæдæ хуы- цаубоны цом Сапицкæйы будкæмæ... — баныхас код- той, стæй Къостайы фæстæ рараст ис. Суанг изæрмæ Ирыхъæуы къуыбырыл фæхъазыдысты. Къостайæн йæ зæрдыл æрлæууыд йæ фыд Леуан, æмæ хъуыды кодта: «Ам иунæгæй кæйдæр фæсдуары, æнæ фæкæсæгæй куыд уыдзынæн? Васил афицерты скъолайы ахуыр кæны. Андухъапар цæуы Стъараполы гимназмæ... Садуллæ та хуызисæг ссис... Цæуын хъæ- уы мæ фыдмæ, Лабæмæ, — балхынцъ кодта йæ хъуы- дытæ æмæ араст, йæ пъартфел йæ къухы, афтæмæй.— Цыдæр ма мæм уыди, — цæхгæр фæлæууыд Къоста Бароны хæдзары цур. Иæхимæ æркæстытæ кодта, стæй 46
æвиппайды сдзырдта: «Мæ цырыхъхъытæ!».Æмæ йæ фæд-фæд азгъордта фæстæмæ, кæм бадтис, уырдæм. Фæлæ уым нал уыдысты. Йæ зæрдæ бынтон ныттар ис. Цы уыдзæн бæгъæввадæй ныр? Цы зæгъдзæн йæ фыдæн, иннæтæн? Йæ амонд у, æмæ хурджын фæззæг ахаста, сызгъæрин фестæд! Æнкъардæй бацыди Къос- та Сухитæм. Кæрты æнæнхъæлæджы ауыдта саргъы бæх. Йæ цуры лæг архайдта. «Мæ хъæуккаг»,— сдзырдта йæхинымæры Къоста æмæ йын йæ къух райста. — Мæнæн дæ фыд Лабæйы фæдзæхста, мæ лæп- пуйы мын-иу æнæ бабæрæггæнгæ ма фæу, зæгъгæ. Æмæ дæу тыххæй æрбауадтæн. Куыд дæ? Дзæбæх дæ? — бафарста Дзапар Къостайы. Лæппу зæхмæ кастис æмæ ницы дзырдта. — Цæуыл æнкъард дæ? — æмæ йын йæ худыл схæцыд. Къоста йæ цæстытæ доны разылдта. — Æмæ бæгъæввад та цæмæн дæ? — Мæ цырыхъхъытæ фесæфтысты. Лабæмæ цæу- ыс ныр? — О... — Мæн дæр алас. Дзапар бамбæрста, сабийæн иунæгæй горæты æн- цон кæй нæу, уый, æмæ.йын фæтæригъæд кодта. — Æрмæст бæгъæввадæй куыд? — Ныртæккæ! — фæхъæлдзæг уæвгæйæ, загъта Къоста æмæ базгъордта мидæмæ. Зæронд фæсмын дзабыртæ æмæ пъалто акодта, чингуытæ йæ хызыны авæрдта æмæ разгъордта Дзапармæ. — Кæдæм, кæ, лæппу! — рахъæр кодта Сухиты ус, æмæ йæ чызг Вера дæр рауади йæ размæ. Дзапар сын радзырдта лæппуйы хабар. . 47
— Æмæ дæ нывтæ та? — афарста йæ Вера. - Къоста фæстæмæ базгъордта уатмæ, чызг дæр — йæ фæдыл. Къулыл йæ сынтæджы сæрмæ ауыгъд уы- дысты къорд нывы: цæргæсы ныв, хохаг хъугдуцæ- джы ныв, фиййау йæ фосимæ, скъолайы лæппу йæ чингуытимæ... Рафтыдтой сæ æмæ сæ атыхтой гæх- хæтты. — Ныр нал ссæудзынæ махмæ? — йæ сæр бакъул кæнгæйæ фарста йæ хæлар Вера. — Ссæудзынæн... Кæнæ-иу каникулты дæхæдæг æрцу Лабæмæ!—дзырдта лæппу æмæ йын ахъæбыс кодта. — Ноджы дын, Вера, фæдзæхсын: зæгъ-иу Зу- каты Сонайæн... Ссæудзынæн та æмæ та, зæгъ, каф- дзыстæм дæ пианинæйы цæгътытæм. — Цæуæм! Изæр кæны! — загъта Дзапар. Лæппу бæхы фæсарцы сбадтис. Сухиты бинонтæ цалдæр сыхаджимæ рацыдысты сæ размæ. Вера ма дзæвгар фæкастис сæ фæстæ, стæй чызг йæхи нал баурæдта æмæ азгъордта тигъмæ, йæ чысыл къухтæй кæлмæрзæн тилгæйæ.
эаа«?э«т*е88Э€Эй&э«$ ЗОНГÆ ХÆДЗАРЫ упецаг уынджы цæнгæт хиды цур—Зукаты ра- гон хъæдын хæдзар. йæ рæсугъд уæрæх авгæй æхгæд тыргъæй зындысты Ирыхъæуы къуыл- дымтæ, Сапицкæйы будкæйы хъæд. Чъырæйцагъд бæстыхай уалдзыгон хуры тынтæм æрттывта æмæйæ гом рудзгуытæй хъуыстис пианинæйы мыртæ. Рæстæ- гæй-рæстæгмæ-иу музыкæ фенцади æмæ-иу дзы азæл- ди худын, хъæлдзæг ныхас. Сыхæгтæ зыдтой, уыцы аив цæгъдтытæ Зукаты хæрæфырт Тарханаты Сона кæй кæны, уый. Сона фæцис каст гимназы æмæ Бетъырбухы юрист- ты скъоламæ бацыди дарддæр ахуыр кæнынмæ. Ныр фæстæмæ сыздæхтис Дзæуджыхъæумæ. Сухиты Вера æмæ Зукаты Сона цардысты фæрсæй-фæрстæм. Цæ- лыккаты æмæ Сухиты чызджытæ та уыдысты æмхæ- рæфырттæ, дыууæ хойы цот. Уыдон Къостайы зыдтой, прогимназийы ма куы ахуыр кодтой, уæдæй фæстæмæ. ш 4 Нæ зарæггæнæг 49
Сона сын-иу- цагъта пианинæйæ, сывæллæттæ та каф- гæ æмæ заргæ кодтой. Цæлыккаты Аннæ уыдис се ’ппæты кæстæр. Къоста Бетъырбухы Академийæ куы сыздæхтис, уæд æй Сона Зукаты хæдзары æрцæрын кодта. Уæттæ уыдысты хъæздыг арæзт: хъæдабæ æм- бæрзæнтæ — дивантыл, пъолыл æмæ къултыл — га- уызтæ, царыл — хрусталæй конд люстрæтæ. Къостайы уаты та уыдис æрмæстдæр ихсыд диван, цалдæр къæлæтджын бандоны, хуымæтæджы стъол. Уый йæ бакастмæ гæсгæ зынди) нывгæнæн æрмадзы хуызæ- нæй: къултыл æмæ пъолыл — нывтæ, эскизтæ кърандасæй æмæ ахорæнтæй конд. Къоста Сонайы цæгъдтытæм хъуыста, афтæмæй ар- хайдта, æрæджы йын Гуырдзыйы архимандрид цы заказ радта, уый аразыныл. Хуыдтой йæ «Нино — р.ух- сады зæд». йæ галиу къухы пергамент — рухсады нысан, йæ рахиз къухы — крест, рæстдзинады нысан, ][æ сæрыхъуынтыл — сæнæфсиры цупæлттæ æмæ урс басылыхъхъ. Къоста йæм куы бакæсы, куы та йæм ахорæнтæй бавналы. Нывы цы хъуыды равдисынмæ хъавы, уый. йæ цæстытыл уайы йæ заказгæнæгимæ. Уый йæм æрбацыд сауджыны дарæсы, æвзистсæр лæдзæгимæ. Йемæ уыдис иу карджын лæг. Украинаг урс хæдоны, йæ риуы дзыппы — сызгъæрин рæхыс- джын сахат, йæ къæхтыл — æрттиваг цырыхъхъытæ, цыбыр æлвыд зачъетæ йын. — Нæ йæ зоныс? — гуырдзиаг архимандрид афар- ста Къостайы, йе ’мбалмæ ацамонгæйæ. — Уый у къу- пец Попов Яков. Къоста йын йæ сæрæй акуывта æмæ дыууæйæн дæр сæ къухтæ райста. Уазджытæ нывтæм кæсыныл 50
фесты. Æрæджиау «Нино»-йы хуызы раз æрлæууы- дысты. — Иæхи хуызæн у, — загьта сауджын. * — У, у; — фæцырд ис Яков. — Раст удæгас адæймаг! Æмбарыс? — Æцæг у, — дзуапп та радта къупец, нывмæ йæ тымбыл гуыбыр фындз хæстæг бахæсгæйæ. — Нæ мæ ’мбарыс... Зæды хуызæнæй йæм цыма ницы ис? — Уый у, сауджын, нæ чызг Аннушкæйы цæрмыс- тыгъд бакодта. — Гъе, уый у йæ бæллæх! Уæларвон зæд хъуамæ зæххон цæрæджы хуызæн ма уа... Ахæм ныв аргъуа- ны равдисыны аккаг нæу... Куыд дæм кæсы, Къоста? — Дæ бæрзонддзинад! — йæ мидбылты бахудгæйæ загъта Къоста, — цæмæй зæды хуызæн уа, ууыл ба- цархайдзынæн... Нырма æххæст конд нæу... — Табуафси! Аргъуаны сæвæрæн ын куыд уа, аф- тæ... — дзырдта сауджын, Къостайы къух райсгæйæ, Къупец дис кодта сауджыны ныхæстыл. Цавæр рæ- сугъддзинад ма дзы агуырдта, уый не’мбæрсга. «Уыдонæн зæды хуызæн скæн... Цыма зæдтимæ схъомыл дæн, уыйау... Æз æй скæндзынæн, куыд мæ фæнды, афтæ», — дзырдта йæхинымæр Къоста. — «Ахæм ныв аргъуаны аккаг нæу... Уый зæд нæу, фæлæ æцæг адæймаг у», — хъæрæй сфæзмыдта алче- ры æмæ та ныххудтис. Тыргьæй къæхты хъæр ссыдис. Уатмай зыхъ-зыхъ- гæнаг дзабырты бацыдис Тарханаты Сона. — Къоста ам ис? — Сона! — сцин кодта Къоста æмæ йæ размæ раз- гъордта. 51
— Цæуылдæр æнкъард дæ, — бафиппайдта Сона æмæ лæппуйы цæсгоммæ скасти. — Нæ, Сона, æз зæрдиаг- худт дæр ма фæкодтон алчерыл, — цырдгомау загъта Къоста æмæ ацамыдта йæ нывмæ. — Уый Гуырдзыйы рухсдзинад тауæг- з&д «Нино» у. Нæ мын æй айста йæ заказгæнæг. Адæйма- джы хуызæн,.дам, у. — Ууыл та цы хъыг кæныс! —зæрдиагæй иыххуд- ти Сона дæр. Иттæг рæсугъд у, æмæ йæ чидæриддæр балхæндзæн. — Исты хос ын скæндзынæн... Фæлæ дæхи балц к-уыд у? — бафарста Къоста. - — Цæуын та, Къоста, — дзуапп радта Сона. . — Куыд тагъд нæ уадзыс иунæгæй? — фарста Къоста, йæ ирдцъар цæсгоммæ йын худæнбылæй нык- кастис, афтæмæй. Къостамæ Сона фæкастис нывы хуызæн: зæлдаг кæлмæрзæны, урс дари къаСайы, хъуымбыл дзыккутæ тыхтæй зындысты йæ сисджын худы бынæй. — Цы гæнæн ис? — загъта Сона. — Кавказы на- местник.мæм хуымæтæджы нæ сиды. Æвæццæгæн ын нæхионы курдиатмæ гæсгæ, Министр Галицин дзырд радта, цæмæй æз дæр Сенатмæ ацæуон, æмæ нæ лæ- джы цур уон... Къоста сагъдауæй аззади, стæй æрæджиау дива- ныл æрбадтис. — Цæй!.. Æнкъард ма кæнут мæ фæстæ, — загъта та Сона, цыма Къостайы хъуыдытæ бамбæрста, уы- йау. — Мах нæ сывæллоны бонтæ иумæ арвыстам. Дæ зæрдыл ма лæууы, Къоста, ам-иу цы кæфтытæ кодтат: Вера, Аннæ, Косерхан, гимназы ахуыргæнгæйæ?.. Ныр уæ уадзын. Фæлæ Сенаты кусгæйæ, мæнæй рох нæ 52
уыдзыстут. Мæ бæсты уын Косерхан ’ пианинæйæ цæгьддзæни... — сабыргай дзырдта Сона æмæ Къоста- йы нывтæм фæд-фæдыл касти., — Бузныг, Сона, дæ дзæбæхдзинæдтæй! — дзуапп радта К’Ьоста æнкъардхуызæй., Сона нал байхъуыста уыцы ныхасмæ, фæстагмæ иу нывмæ фæкомкоммæ ис, ныккасти йæм æдзынæг æмæ дисгæнгæ загъта: — Косерхан, гъай дæ хуыз нæу? Чызг Къостайырдæм фæзылди, стæй бауадис Сона- мæ æмæ фæсырх ис: — Цæмæн хъæуы?.. Мæлæты рæсугъд дæн?.. Мæ уындæй искæйы фæтæрсын кæндзынæн. Къоста" бахудти;- — Уый нырма эскиз у. Зæрдæмæдзæугæ куы нæ уаис, "уæд дæ нæ аразин. 1882 азы Академийæ кани- култы куы ссыдтæн, уæд æй райдыдтон кæнын æмæ мæ рох нæу. — Уый фæуыдзæн, фæлæ дын фæдзæхсын, Косер- хан: фæкæсут Къостамæ. Æнкъард кæнын æй ма уа- дзут. — Уыцы ныхæстæ зæгъгæйæ, Сона Къостайы мæ- гуыргомау æрмадзыл йæ цæст ахаста. Дуармæ хæстæг æрлæууыд æмæ цыдæртæ ахъуыды кодта. Стæй цæх- гæр фездæхт Къостамæ, æваст ферттывтой йæ рæсугъд мыдхуыз цæстытæ. — Æмæ афтæмæй куыд ацæуон? Хъуамæ иучысыл уарзон бадт акæнæм æмæ фæйнæ сæны баназæм фæн- даджы тыххæй. — Тынг хо’рз æрхъуыды кодтай, — фæцырди Къос- та,'йæ ахорæнтæ æрæвæрдта, йæ халат аппæрста æмæ Сонайы фæдыл барасти Зукатæм. Цæстьиæ тартæ кодтой алыхуызон дзаумæттæй: 53
зæлдаг рудзынгæмбæрзæнтæ, фæлмæн дивантæ æмæ бандаеттæй. Агъуысты астæу стъолыл — дидинджытæ, дзаг æвгтæ æмæ хæринæгтæ. Уым-æрбадтысты Къоста æмæ Сона. Сæн рау&гътой. — Нæ хæлардзинад тыхджын куыд уа, уый тых- хæй, — загъта Сона. — Æз дæ Бетъырбухы куыд базыдтон, афтæмæй, нывтæй уæлдай, дæ адæмы поэзийьГл кусыс æмæ дын бантысæд!.. Æрмæст дын фæдзæхсын: дæхимæ фæкæс. ’ — Æз та дæ цæрæнбоны тыххæй, дæ фæндаг рæст- мæ куыд уа, уый тыххæй... — ракуывта Къоста дæр æмæ анызтой.- Сона сыстад æмæ Къостайæн йæ нуазæн радта: — Æз цæуын æмæ кæд истæмæй тыхсай, уæд-иу мæм фысс... Нæхи Косерхан, Вера, Цæлыккаты чыз- джытæ дæ ирхæфсдзысты... — Бузныг, — загъта Къоста.— Бетъырбухмæ ныц- цæугæйæ хъуамæ сæмбæлай Андухъапарыл, не ’мбæлт- тыл, саламтæ сын-иу ратт... . — Мæ бар уадз, фæлæ дын æз уæддæр фæдзæх- сын: чындзæхсæв кæнын дæ зæрды куы уа, уæд-иу мæн дæр æрымыс, — хъазæнхуызы загъта Сона. — Уый тагъд нæма уыдзæн, Сона... • Фаллаг уатæй пианинæйы мыртæ рауылæн кодтой. Куы-иу фенцадысты, куы та-иу тынгдæр азæлыдысты. Косер цагьта, Къоста цы зарджытæ уарзта, уыдон: «До гроба вы клялись любить поэта», «Глядя на луч пурпурного заката». — Байхъус-ма йæм! Уый дын дæ зарджытæ куы кæны! — загъта Сона дæр æмæ Косерханмæ бадзырд- та: — Пианинæ уын уадзын æмæ Къостайы хъæлдзæг дарут. -I 54
Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ сыстадысты, гом рудз- гуытырдæм бацыдысты æмæ фæлгæсыдысты Арвыко- мы рæсугъд хæхтæм, Ирыхъæуы къуыбырты цъæх- цъæхид хъæдтæм. Рог дымгæ уаты къуымты зилдух кодта æмæ стъолыл цавæрдæр къухфыстыты гæххæт- тытæ фæйлыдта. Къоста æмæ Сона цъусдуг æнæдзур- гæйæ алæууыдысты, стæй фæстæмæ æрбадтысты, Косе- ры романстæм хъусгæйæ. Бæрæг уыд, уыцы музыкæ- йы мыртæ сæ зæрдæмæ арф кæй хъарыдысты, уый. Уалынмæ уынджы айзæлыди фæсивæды рæсугъд зарын: Додой фæкæнат, нæ райгуырæн хæхтæ, Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау! Зæй уæ фæласа, нæ тæрхоны лæгтæ,— Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!.. Къоста йæ къæбæлдзыг сæр стъолмæ æруагъта. Стæй йæ зæрдæ суынгæг æмæ Сона æмæ Косермæ бакаст... Рудзгуыты бын ссыди фаэтоны бæхты къæхты хъæр. Сона фестади æмæ Къостайы къух райста. Цалынмæ айдæнмæ йæхи дзæбæхтæ кодта, уалынмæ Косерхан æддæмæ азгъордта. Стæй Цæлыккаты Аннæ æмæ Вераимæ фæстæмæ æрбаздæхти. Къостаимæ ра- хастой Сонайы дзаумæттæ. Уынджы бæлццоны раз сыхæгтæ амбырд сты. Сона аба кодта чызджытæн. — Хъусут?! Къостамæ дзæбæх кæсут!—фæдзæхс- та ма сын фаэтонмæ бахизгæйæ дæр Сона.
<%&5<0^ ЙНЫВТЫ РАВДЫСТЫ ыди рæсугъд, хъарм фæззыгон бон. Коммер- цион клубы дуармæ змæлыд бирæ адæм, — билеттæ æлхæдтой аивадон равдыстмæ. Æнæ- хъæн мæйы дæргъы фæфыстой газеттæ уыцы хабары тыххæй. Ныр нывтæ æвæрд фесты æмæ равдыст бай- гом. Сарæзтой йæ «Рухсад тауæг æхсæнады» пайда- йæн. Фенынмæ йæм цыдысты хицæуттæ, зæхкусджытæ, афицертæ, базаргæнджытæ, ахуыргæнджытæ, скъола- дзаутæ, студенттæ. Цæхæрадоны дуармæ бадтысты гимназисткæтæ Сухиты Вера æмæ Цæлыккаты Аннæ, билеттæ уæй кодтой. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу сæм Къоста бауади æмæ-иу сын хъæлдзæг ныхæстæ акодта, адæмы хуыд- та мидæмæ, уыдон дæр æй алцæмæй фарстой. — Вера, кæсыс, Созырыхъо æмæ Темыр æрбацы- дысты, фаэтонæй рахызтысты, — сдзырдта Аннæ. , Хоранты Созырыхъойæн йæ уæлæ — морæхуыз 56
цухъхъа, йæ сæрыл — бухархуд, æвзистсæр лæдзæг тылдта æмæ цæуылдæр æхсызгонæй ^дзырдта йе ’мба- лимæ. Хуры тынтæм йæ сызгъæрин пъагонтæ æмæ хæрзиуджытæ ферттив-ферттив кодтой. Темыр дæр уыдис бæрæгбонхуыз: йæ уæлæ — ахуыргæнæджы дарæс. Чызджытæ сын сыстадысты. — Хорз мæйттæ уæ хай, — сдзырдта Темыр. — Бадут! Уæ амонд бирæ, — загъта Созырыхъо дæр æмæзæлдаг Кæлмæрзæнæй йæ бур рихитæ асæрф- та, стæй йæ цухъхъайы бæрцыты бын цы чысыл дзыпп уыдис, уырдыгæй æхца сласта. — Дыууæ суарийы у билеты аргъ, — бамбарын кодта булкъонæн Темыр. — Фылдæр сын радтæм ацы дзæбæх чызджытæн,— загъта Созырыхъо, дыууæ сомы æрдæджы æрæвæрдта стъолыл, æмæ дыууæйæ дæр мидæмæ бахызтысты ра- гон бæлæсты аууæтты. , — Сызгъæрин раттын сæ цæст нæ бауарзта. Мæрд- дзæсттæ! — сдзырдта Аннæ æмæ сæ фæдыл акастис æфхæрæгау. Дыууæ лæджы иучысыл куы рауадысты, уæд Те- мыр Созырыхъомæ æнгомдæр балæууыд æмæ йын йæ хъусы дзурæгау загъта: — Уыцы чызджыты нæ зоныс, уый йедтæмæ сæ «дзæбæх» не ’схуыдтаис æмæ сын дыууæ сомы æрдæ- джы дæр нæ радтаис... — Цæуылнæ? — дисгæнгæ бафарста Созырыхъо. — Уыдонæй иу у Сухиты сауджыны чызг — Вера. Иннæ та — Цæлыккаты Аннæ. Дыууæ дæр — Хетæгка- ты Леуаны фырты хæлæрттæ... — Æмæ цы кæны? Хетæгкаты Леуан æвзæр служ- 57
бæгæнæг нæ уыди паддзахæн... Уый уæртæ не ’фсин цæцæйнаг у æмæ Леуаны нæ уарзы. Леуан Цæцæны æмæ Дагъистаны хæстыты сæ ныхмæ цыди.. Дыууæ майданы дæр ын уым куы радтой. — Æцæг зæгъыс, — сразы ис Темыр. — Къоста хицæутты ныхмæ быцæу кæны, æмæ йын Цæлыччы- фырт та сæрхъуызой у. Сидзæр, дам, у Къоста, зæгъгæ. — Æмæ сидзæр у æцæг, фæлæ адæмæн æмбисонд фæци зарджытæ мысынмæ, — йе ’взистсæр лæдзæгæй клубы дуарыл бахæцыд, афтæмæй сдзырдта Созыры- хъо. — Нæ фæсивæд йæ зарджытæ «Додой» æмæ «Сал- дат» кæм нæ кæнынц, ахæм ран нал ис. Залы къæсæрыл сæ размæ фесты Варварæ Гри- горьевнæ Шредерс æмæ нывгæнæджы ус Екатеринæ Акимовнæ Бабич, сæ къухты — газет «Цæгат Кав- каз»-ы номыртæ. Адæм куыд цыдысты, афтæ æлхæд- той газеттæ. Барьермæ хæстæг лæууыдысты Кипиани, Шанаты Ибрагим, стæй газет «Терек»-ы редакцийы кусджытæ Бабич æмæ Петров. Уыдон райстой Созы- рыхъо æмæ Темыры къухтæ æмæ сын бацамыдтой, «Нино» кæм æвæрд уыди, уьшырдæм. Равдыстмæ цæуæг адæмæн сæ фылдæр æмбырдтæ кодтой Къостайы конд ныв—Гуырдзыйы рухсад тауæг зæд «Нино»-йы цур æмæ йæм æдзынæг кастысты. Йæ цуры талынг къуымы сыгъдысты сойын цырæгътæ. Созырыхъо æмæ Темыр дуарæй куы ауыдтой ныв, уæд æй æцæг адæймаг фæхуыдтой æмæ йæм нымдзаст сты. Варварæ Шредерс сын сæ къухты газеттæ куыд фæсагьта, уый дæр нал базыдтой, афтæмæй Созыры- хъо нал фæлæууыди æмæ дисгæнгæ афарста Гемыры: — Ныв у æви адæймаг? — Ныв у, æвæццæгæн, — тагъдгомау дзуапп радта 58
Темыр, газетмæ кæсгæйæ. — Мæнæ цы фыссынц, уы- мæ ма кæс, — æмæ Созырыхъомæ газет бадардта. — Цы у? — Фыссынц нывты равдысты тыххæй. — Омæ дæм, уый цы диссаг кæсы, Темыр?.. Хетæ- джы-фырт æмæ йе ’мбæлттæ газетты сæхи бакодтой, уый зоныс?' Газет «Терек»-ы дæр, «Цæгат Кавказ»-ы дæр уыдон фыссынц... Бакæс-ма, ам та цы зæгъынц. Темыр райдыдта кæсын: «Дзæуджыхъæуы коммерцион клубы нывты равды- сты ис «Нино»-йы ныв. Сарæзта йæ, Стъараполы гим* назы ахуыр чи кодта, стæй та Бетъырбухы Академи- йы, уыцы нывгæнæг Хетæгкаты Леуаны фырт Констан- тин. Уый у Гуырдзыйьг рухсад хæлиугæнæг æрыгон чызг Нино. Чи йæм цыди, уыдон дис кодтой, йæ рæ- сугьддзинадыл, æцæг адæймаджы хуызæн æй куыд скодта, ууыл. Уый кастис дардмæ. Иæ арф хъуыдытæ зæрдæйы хызтысты. Цыма цы рæсугъд царды фæн- даг равзæрста, цы нысанмæ тырны адæмæн фарн æр- хæссыны хъуыддаджы, уый сæххæст уыдзæн, афтæ кастис алкæмæ дæр...» — Хорз, Темыр. Уæд йæ сæрыл та ма уый цы у?— нывмæбакæсгæйæ фарста булкъон. Темыр йæ газеты кæсын фæуагъта æмæ загъта: — Гуырдзысæ сæрыл басылыхъхъытæ нæ кæнынц? Нинойæн йæ рæсугъд æрттиваг цæстæнгас афтæ уыди, цыма йæ уырныдта, цы нысанмæ тындзы, уый кæй сæххæст уыдзæн зæххыл. — Цæмæн бахъуыди Къостайы гуырдзиаг чыз- джы ныв кæнын? Иæхи ирæттæм ахæм рæсугъд чызг нæй? — Æмæ ды, Созырыхъо, цæцæйнаг чызг цæмæи 59
æрхастай, уыцы ирон рæсугъд чызджытæй искæй цæ- уылнæ ракуырдтай? — худгæйæ райхъуысти булкъо- нæн йæ чъылдымырдыгæй Байаты Гаппойы хъæлæс. — Ацы ныв Гуырдзыйы заказ у, æмæ-йæ рæеугъд- дзинад, рухсдæр цардмæ йæ тырнындзинад ’алкæйы зæрдæйы дæр ис, — нал фæлæууыди уыцы ныхасмæ Къоста дæр. — Раст куы зæгъæм, уæд, Созырыхъо, ирон адæм- мæ ахæм нывгæнæг никуыма уыд. Бабич дæр нæу ахæм, ■-- загъта Гаппо. — Къоста алæгæрста фæндаг ахæм . рæсугъддзинадмæ, æмæ мах дæр ууыл ахуыр кæны. Уыцы ныхæстæ Созырыхъо нал фехъуыста. Алы- хуызон адæм цыдысты кæрæдзийы фæдыл æмæ алцæ- мæй фарстой. Сæ цурты сивгъуыдта иу къленцарæзт интеллигент. — Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, — фарста уый Къоста- йы, йæ сызгъæрин пенснэ йæ фындзæй райсгæйæ, æмæ нывмæ хæстæгæй кæстытæ кæнгæйæ, — ацы «Нана»-йы къухты крест цæмæн ис? — Бахатыр кæн, господин, — фæцырд æм ис Ба- бич, — уый «Нана» нæу, уый «Нино» у. — Куыннæ у «Нана»? Уæдæ йæ газеты афтæ цæ- мæн хуыдтой? — Газеты дæр æй раст нæ бамбæрстай. — Чи зоны... Чи зоны... Цæстæй хъуаг дæн, — дзырдта кæсæнцæстджын иуварс аздæхгæйæ. —. Фæ- лæ ахæм рæсугъды кæм ссардта нывгæнæг, уый дис- саг у?.. — Уый фыццаг равдыст у æмæ бæрæг кæны, .би- рæтæ нырма аивад дзæбæх кæй не ’мбарынц... — дзырдта Къостайы æмбал Бабич. 60
Нывы цур цы къорд студенты лæууыди, уыдон уыцы кæсæнцæстджыны ныхæстæм байхъуыстой, стæй йæ фæдыл акастысты. Æрæджиау сæ чидæр нал фæ- лæууыд. æмæ загъта: Что можем в будущем мы ждать, Когда способыость не дана Иным в картине различать Святую «Нину» от «Нана»? Интеллигентæн кæд хъыг уыдис студентты æфхæ- рæн ныхас, уæддæр дзурын не ’сфæрæзта, уымæн æмæ йе ’рдæгцъынд цæстытæй нæ равзæрста, чи дзырдта, уыдоны. Нывы цур æрлæууыд хъазахъхъаг ацæргæ лæг йæ усимæ. Сылгоймаг уыди нарæгастæу, йæ цæстытыл лорнет авæр-авæр кодта. Сæ фæдыл ноджы бацыд цавæрдæр подрядчик, ставд лæг, йæ уæлæ уыди даргъ сюртук. йæ мыдхуыз зачъетæ адаудта æмæ йæ тып- пыр къухтæй ныв асгæрста. — Мама, бакæс-ма—удыкъæртт!—æваст фæхъæр кодта иниæрдыгæй, сæ разы йæ мадимæ цы æхсæр- дæсаздзыд чызг лæууыдис, уый. — Оля, сабырдæр! Махæй уæлдай ма ам адæм ис. Куыд æмбæлы, афтæ дæхи дар, — йæ чызгæн амыд- та мад.. — Фен-ма йæ. йæ цæстытæ зæды цæстыты хуы- зæн сты! ,— Æмæ цы диссаг у? Уый сих у, — дзырдта ус. — Йæ саразæг, æвæццæгæн, бауарзта кæйдæр, мама? — загъта та чызг æмæ йæ мады рæмбыныкъæдз басхуыста. - — Ныр цы æдылы ныхæстæ кæныс?.. — Чиныджы кастæн æз, мама, нывгæнджытæ æмæ 61
поэттæ, дам, сæ хуыздæр чингуыты фыстой, искæй-иу куы бауарзтой, уæд. Ус фæсырхи. Æвæццæгæн æм аив нæ фæкастысты йæ чызджы ныхæстæ æмæ ницыуал сдзырдта, æмæ дыууæйæ дæр раивгъуыдтой. Нывы алыварс фылдæрæй-фылдæр адæм æмбырд- тæ кодта. Уалынмæ гуырдзиаг, йæ сæрыл басылыхъхъ тыхт, йæ уæлæ тинтычъи куырæт, афтæмæй иннæты æхсæнты бараст, хæстæгæй бакаст нывмæ æмæ сцин кодта: — Ай нæхи рæсугъд «Нино» куы у! — Пахуымпары хуызæн! — загъта иннæ, моллойы дарæс кæуыл уыд, ахæм лæг, æвæццæгæн, мæхъ- хъæлон... Æрæджиау залы фæзындысты Яков Попов, йæ ус Любовь Георгиевнæ æмæ сæ чызг Аннæ. Барьеры цур иумæ лæууыдысты Цæлыккаты Алыксандр, Байаты Гаппо, Михаил Кипиани, Шанаты Ибрагим. Сæ къух- тæ райстой Поповæн æмæ йæ бинонтæн, стæй бацы- дысты нывтæм. Раздæр «Кæуæг зæды» цур æрлæууы- дысты. Уый фæстæ Попов æдзынæг ныккастис «Гуыр- дзыйы рухстауæг «Нино»-мæ. — Анютæ, Константин Левановичы къух райс! — фæсидтис Яков йæ чызгмæ. — Ахæм нывтæ нæ горæ- ты нырма ничима сарæзта. «Нино» та бынтон дæу цæрмыстыгъд бакодта... Иттæг дзæбæх ныв... Иттæг... Бузныг!.. — дзырдта къупец Къостайæн, йæ чызгмæ тызмæгхуызæй кæсгæйæ. Аннæ уыцы цæстæнгасæн нал бафæрæзта, фæлæууыди æмæ Къостамæ йæ къух бадардта. — Нырма æрыгон у... Æфсæрмы кæны, — йæ чыз- джы растгæнæгау, загъта йæ мад. 62
— Цæмæй æфсæрмы кæны? Æз æй зонын. Яков Петровичимæ ме/рмадзы уыдысты...— чызджы хæрз- конд гуырыл йæ цæст ахæсгæйæ, сдзырдта Къоста. — Дæ ныв йæ хуызæн у, зæгъгæ, йын загътам, æмæ уый йæ зæрдæмæ цæмæй нæ фæцыди, нæ зонын...— Къостайæн йæ сæрæй ныллæг акуывта Яков Петрович. Уыдон куы ацыдысты, уæд Къоста чызджы фæдыл кастис æмæ йæ зæрдæ цыдæр сусæг рыст скодта... «Кæд адæмы æхсæн фефсæрмы ис? Цæуылнæ мæм исты сдзырдта? Иæ урсцъар цæсгом туджы куы ра- зылди... Нæ, æвæццæгæн, хуымæтæджы нæ баззади мæ зæрдæйы. Хуымæтæджы йе ’нгæстæ нæ рауади мæ ныв дæр!» — сагъæстæ кодта поэт, стæй иуварс къуым- мæ рацыди адæмы цурæй. Систа блокнот æмæ фыста: А. я. П*. Мæ хъуыды-æмбæхсгæйæ куыд цæрон? Быхсын куынæуал у мæ бон, — Миййаг дын масты хос куы фæуон, Куынæ мын раттай дзуапп, фæндон?.. Йæ хъуыдытæ фыст нæма фæцис, афтæ йæ чъыл- дыммæ февзæрдысты Вера æмæ Цæлыккаты Аннæ. Æризæр æмæ билеттæ уæй кæнын ныууагътой, бацы- дысты нывты залмæ æмæ, Къостайы хибарæй лæугæ куы федтой, уæд йæ цуры алæууыдысты. Уый сæ нæ бафиппайдта. Аннæ йын йе ’уæхсчыты сæрты бакас- тис, цы фыста, уымæ. Ауыдта æрмæст æртæ дамгъæ- йы æмдзæвгæйы сæргонды «А. Я. П.» «А», бæлвырд, мæ ном у», — ахъуыды кодта Ан- * Уырыссаг æвзагæй Плиты X. тæлмац. 63
нæ.—Фæлæиннæтæ цы сты? Æвæццæгæн, уыдон амо- нынц: «Аннæ Яковлевнæ Поповæ». Мæн кой куы кæ- нид, уæд дзы уаид: «А. А. Ц.». Аннæ æрæнкъард ис. Вера Къостаимæ дзурыныл фæцис. — Мах, Къоста,. нæ хæс сæххæст кодтам, — загъта уый. — Ды та дæ фыссын ам дæр куынæ уадзыс? — Куы ницы фыссын. Уый афтæ мæ цæстытыл цыдæртæ ауади, — бахудти Къоста чызгмæ æмæ йæ цухъхъайы бæрцы æфсæрмхуызæй атъыста гæххæтты гæбаз. — Хорз бакуыстат. Бузныг! Уыцы рæстæджы клубæй рацæйцыдысты Алык- сандр, Шредерс æмæ Гаппо. Аннæ сæ ауыдта, баз- гъордта сæм æмæ, йæ фыды цонгыл хæцгæйæ, фæрас- ти семæ. Уыдон худаистæй, сæ къухтæ тилгæйæ, дзырд- той, стæй æрбацыдысты Къостайы цурмæ, салам ын радтой æмæ арфæтæгæнгæ ахызтысты. Къоста Вера- йы фæурæдта æмæ йæ афарста: — Анютæ цы кодта? Цæуыл æрæнкъард? — Æмæ-гъа... Дзæбæх уыди ныронг, — загъта Ве- ра, Аннæйы фæдыл джихæй кæсгæйæ. Уыдис изæрдалынгтæ. Къоста æмæ Вера гæдыбæ- лæсты бын, къутæрты æхсæн бандоныл æрбадтысты. Сæ размæ згъæлдысты фæззыгон бур сыфтæртæ. Адæм нал уыди равдысты. Æрмæст ма æрæджиау сæ цурты раивгъуыдтой Темыр æмæ Созырыхъо. — Фе’дтай, Темыр, Леуаны фырт цы уырыссæгти- мæ лымæн у, уый? — дзырдта Созырыхъо. — Кæмæй зæгъыс? 64
— Редакцийы кусæг Петров æмæ Бабич, приюты хицау Варварæ. Уыдонимæ йæхи сбаста... Иронæй йæм ницыуал ис. Иæ «Нино» дæр гуырдзиаг... Уыцы музуккаг Петровмæ та айфыццаг æрмæг бахастон редакцимæ æмæ мын æй нæ райста. Ахæм хахуыртæ, дам, нæ фыссæм нæ газеты... А, хæрæг, зæгъын. Кьос- та дæр ахæм у... — Уыцы туаллаг фыдбылыз у! Мæсыг йæхи ду- рæй хæлы, — сразы ис йемæ Темыр дæр. Коммерцион цæхæрадоны дуармæ цы фаэтонтæ лæууыд, Темыр æмæ Созырыхъо уыдонæй иуы сбад- тысты æмæ араст сты атаманы галуанырдæм. Изæрæй аргъуантæ цæгъдын райдыдтой. Уæлдæфы азæлыдысты дзæнгæрджыты ивазгæ мыртæ æмæ сын адæм сæ сидтмæ уадысты. Къоста ма Вераимæ бадтис æмæ йын йæ зæрдæ хуынчъытæ кодта цыдæр æнæбæрæг маст. Иуæй Цæ- лыккаты Аннæ тæргайы хуызæнæй аивгъуыдта, иннæ- мæй та Поповæ Аннæ равдыстмæ æрцыд æмæ йæм дзыхæй дæр не ’сдзырдта’. Цæмæн — нæ зоны. Æрæ- джиау йæ зæрдыл æрлæууыди, Поповæ Аннæмæ иу бон цы писмо фыста, уый. Йæ цæстытыл ауади, ’Рерчы был куыд бадти Поповæты хæдзары бакомкоммæ, уый. Доны уылæнтæ кæрæдзи сæрты хаугæ бырстой комæй дæлæмæ. Сæ сæрты зæрватыччытæ, цъыбар-цъыбур- гæнгæ, тахтысты. Уыдонмæ хъусгæйæ поэт мысыдис йæ сывæллоны бонтæ, адæмы тыхст цардыл судзгæ хъуьт- дытæ йæ æнцад нæ уагътой æмæ фыста: Зæрватыкк — æнæхъыг, Æнæ маст цæрæг! Дæ зарæг —- нæ дарæг, Нæ уалдзæг кæнæг! 5 Нæ зарæггæнæг 65
Хъæлдзæгæй, æвзыгъдæй ’ Фæтæхай фæрнæй Нæ хæхты, нæ бæсты, Æлдар кæмæн нæй! Æмдзæвгæ бакасти цалдæр хатты, стæй Аннæйы рудзгуытæм фездæхт, фæлæ чызг уым нæ уыд. Алы хъуыдытæ æвзæрд йæ сæры, йæ зæрдыл æр- лæууыдысты йæ сидзæры бонтæ, йæ мад, йæ царды уаг, æмæ та 1886 азы ногæй фыста уынгæг зæрдæйæ: БÆГУЫ, ЗÆРОНД ДÆН ÆЗ* Зæронд дæн æз... Кæсыс, фæтарстæ! Мæ фæллад цæстытæй, мæ цæсгомы æнцъылдтæй, Мæ бызгъуыртæй, мæ рагъ зыны гуыбырæй, Мæ урс сæрыхъуынтæ æрцыдысты зæбултæй... Бæгуы, зæронд дæн æз!.. Фыст куы фæци, уæд ма йын йæкæрон бафтыдта: «Ацы писмойы цы æмдзæвгæ ис, уый, курын дæ, дар, цалынмæ дæ нæ бафæнда ферох кæнын дæ æна- монд зонгæйы æнæзонгæ ном». Арвыста йæ Вераимæ, æмæ йæ зæрдыл æрлæу- уыд, нырма дзы кæй нæ фехъуыста, Поповтæ йæ пис- момæ цы цæстæй ракастысты, уый. Æмæ йæм ныр Къоста комкоммæ бакаст: — Аннæ мæм ам цæуылнæ исты сдзырдта? Алык- сандры чызг дæр цы кодта — нæ зонын?.. Уый поэтæн йæ хъæлæсы уагæй, йæ æууæлтæй бамбæрста йæ тыхст зæрдæ æмæ йын рæвдауæгау загъта: * Уырыссаг æвзагæй Гулуты А. тæлмац. 66
— Рох мæ нæу, Къоста, дæ писмойы хабар. Цæ- лыккаты Анютæ та... Кæд, дæ ныв Поповæ Аннæйы цæрмыстыгъд кæй бакодта, уый нæ фæцыди йæ зæр- дæмæ?.. — Æвæццæгæн, мæхи аххос у. Ды раст дæ. Æмæ дын æз дæр раст зæгъдзынæн. Къупецаджы чызджы фыццаг хатт йæ фыдимæ ме ’рмадзы куы федтон, уæд йæ зæды хуызæн сурæт мæ зæрдæйы баззади... Уæд- дæр дзы де ’мхæрæфыртæн æмбал нæй, Вера! — йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кæнгæйæ, дзырдта Къоста. — Нæ рæдийыс уымæй... Æнувыд дыл у. Фæлæ ныр цы кодта, уый нæ зонын, — загъта Вера. — Омæ иннæ — Поповæ та цы кодта? , — Кæд бинонты дæ писмо сызмæста? Сихор хæр- гæ сæ баййæфтон. Яков, йæ цыбыр æлвыд, халасхуыз сæрыхъуынтыл хъæмпын шляпæ, афтæмæй бадтис æмæ загъта: — Верочкæ, уæ хæстæг мæ зæрдæмæ цæуы. Дис- саджы нывтæ кæны, стæй, дам, зарджытæ дæр фыссы?!. Аннæйы мад Любовь Георгиевнæ йæ лæджы ны- хæстæй фестъæлфыди, æмæ йæм тарæрфыгæй бакастис: — Кæмæй зæгъыс? — Хетæджы-фыртæй зæгъын. Диссаджы нывгæнæг у, Любовь Георгиевнæ. Æз æм уыдтæн. Тынг хæлар- зæрдæ адæймаг... Анютæ дæр мемæ уыди... — Цыдæр æнахуыр мæм кæсы. Алы хатт нæ рудз- гуыты бакомкоммæ дурыл фæбады йæ цухъхъайы...— загъта та Любовь. Аннæ Яковлевнæ йæхи æруагъта гауызтæй æм- бæрзт диваныл æмæ кастис Къостайы писмо. Куы йæ фæци, уæд æй стъолыл альбомы хуылфы бавæрдта 67
æмæ цалдæр-минуты ницуал сдзырдта. Æз æм хæстæг бацыдтæн, æмæ уæд сабырæй загьта: — Ме ’фсымæр Стъепаны зоныс. Къуыдипп афи- цер... Уый Къостайæ йæ удхæссæг уыны. «Афицеры хо æмæ, дам, зындгонд лæджы чызг ахæм цухъхъаджы- нæн хъуамæ йæ тæфыл дæр ма цæуа... Фæлæ æз»...— йæ ныхас нал сфæрæзта Аннæ. Стъепаны æрттиваг уæхсчытæ фæзындысты дуарæй. Афицер æмраст ба- цыд Верамæ, йæ къух ын райста, стæй Аннæйы æн- къард цæсгомыл фæгуырысхо... — Цы кодтат, сусæг ныхас уæм ис? — къахæгау сдзырдта Стъепан æмæ æрбадтис чызджыты раз.—Уæ альбом фенæн нæй? — æмæ йæ стъолæй райста. — Уый, Стъепан, дæу тыххæй нæу! — фæмæсты Аннæ. — Чызджытæм сусæг митæй фылдæр цы ис? — Уадз сæ сæхи бар, лæппу, — фæкомкоммæ йæм ис Яков дæр. Аннæ фæсырхи, февнæлдта Стъеианы къухтæм альбоммæ. Фæлæ уый иуварс азылд æмæ альбом рафæлдæхта. , — Писмо? — ныддис кодта лæппу. — О, ам ма æндæр истытæ дæр разындзæн!.. — Ницы дзы ис диссагæй, — нал фæлæууыд Ве- ра. — Арфæйы æмдзæвгæ уæм æрвиты Къоста... Бинонтæ фæкъæрцхъус сты. — Бакæс ма йæ, — загъта сæ фыд. — Бакæс æй, — бадзырдта сæ мад дæр. Стъепан кастис æмдзæвгæ: «Бæгуы, зæронд дæн æз». Кæстæр лæппу, гимназист Петр, стъолы цур бад- ти, цымдта цай æмæ къæрцхъусæй касти хистæргæм, стæй нал фæлæууыд: — Хетæгкаты Къоста, папæ, дæсны у æмдзæвгæтæ фыссынмæ. Махмæ гимназы арæх вæййы æмæ ахуыр- 68
гæнджытимæ афтæрæсугъд фæдзуры уырыссагау!.. Иухатт та’ клубы пианинæйæ цагъта... — Дзæгъæл дзурыс, — схъæр ыл кодта, йæ кæсын фæуадзгæйæ, Стъепан. — Цы’æмбары хæххон фиййау музыкæйæн?! — Ма хъыгдар, Петкæ, — загъта сæ фыд. Стъепан æмдзæвгæ куы фæци каст, уæд æм Яков Петрович бадзырдта: — Петя раст зæгъы. Булæмæргъы æвзаг ис Кон- стантинæн. Нывтæ кæнынмæ дæр хорз арæхсы.,. Уый Анютæйæн лæвар у. Иæ райгуырæн боны фæдыл. Æн- дæр дын уæдæ цы балæвар кæна? Сызгъæрины куыст- гæнæг нæу... Базаргæнæг — иннæ ахæм... — Уæдæмæ, папæ, ахæмтæ мах аккаг не ’сты... Фæлтау яæлæ окруджы хицау булкъон Голубовы æр- бахон, пъæлицмейстер Лупаковы, — дзырдта Стъепан æмæ Аннæмæ тызмæгæй касти... — Ды дзæгъæлы мæсты кæныс, Стъепан, — дзырд- тон æз. — Аннæ аххосджын ницæмæй у. Къостамæ та хуымæтæджы цæстæй ма кæс... — Сымах ын кæсут йæ уындмæ. Уæлæ йын Иры- хъæуы лæппутæ йæ зарджытæ кæнынц, — нал та фæ- лæууыд Петр. — Ха!.. ха!.. ха!.. — ныххудти Стъепан. — Иæ зар- джытæ паддзахы ныхмæ сты, уый зоныс? Ахсын æй хъæуы. — Уый ахсинаг нæу, — фæсырх æмæ къæйныхæй загъта Петр. — Пушкин æмæ Лермонтовы дæр ах- сынмæ хъавыдысты... — Къулбадæг! Цы дзæнгæда цæгъдыс ды та? — схъæр кодта мад. — Пушкин æмæ Лермонтовмæ уый дард у!.. 69
Петр ницыуал сдзырдта, аздæхтис Аннæйырдæм, æвæццæгæн æй ’зонын фæндыд, йæ хомæ цы зæрдæйы ахаст уыдис, уый. Æз сыстадтæн. Аннæ дæр сын сæ ныхæстæм нал байхъуыста. Мæ фæстæ тæргайы хуызæнæй æддæмæ рацыди. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй Аннæ разы нæ уыди Стъепанæй^— фæци Вера йæ ныхас. Къоста ницыуал сдзырдта, йæ цæсгом ныттари. Вера ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæм уый нал байхъуыста. Сæ цурты раивгъуыдтой газет «Терё- кы» редакцийы кусджытæ Петров æмæ Бабич. Къоста «хæрзизæр» загъта Верайæн æмæ уыцы æнкъардхуы- зæй йе ’мбæлтты фæстæ фæраст.
Эй?з?Шйэвде8ёэеэ«шбй ПОЭТЫЦЫРТ 1 азы 16-æм августы райсомæй Пятигорскы уынг- тæ уыдысты бæрæгбонхуыз: рог дымгæ тыры- сатæ алыран фæйлыдта. Къоста уазæгдоны балкъонæй горæтыл фæлгæсыд. Цъæх-цъæхидæй йæм зындысты ныллæг хæхтæ æмæ къуыбыртæ, Машукы бæрзонды раз фæзы кæттагæй æмбæрзтæй Лермон- товы цырт. йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Стъараполы ахуыргæнджытæ, уæлдайдæр та Смирнов æмæ Краснов. «Æвæдза, цы дзæбæх уроктæ лæвæрдтой уыдон, — ахъуыды кодта йæхинымæр. — Красновы ныхас Пуш- кин æмæ Лермонтовы хъысмæты тыххæй... Цымæ сæ ныр, поэты цырт гомгæнгæйæ, ам ничи уыдзæн? Нæсæ фендзынæн?»ч—-фарста йæхи Къоста æмæ фæстæмæ бацыди уатмæ. 71
Стъолыл лæууыдис Лермонтовы цырт байгом кæ-: ьыны боны фæткы гæххæтт. Æрбадтис æмæ йæм дзæвг: гар фæкастис. Стæй йæ риуы дзыппæй систа кърандас) æмæ фыста программæйы чъылдымыл. «Стыр уæлахи- зы гений. Мæ райгуырæн бæстæйы фæлтæр дын эрфæ’ кæнынц, сæ хæлар æмæ сæ ахуыргæнæг чи у, аивады, наукæ æмæ рухсады бæрзæндтæм сæ фæндагамонæг,, æмæ ног тырнындзинады стъалы сын чи у». Æрæвæрдта гæххæтт æмæ та аздæхтис рудзынгмæ. Машукы хохы бынæй та йæм фæзынди Лермоктовы цырт. Уынгты змæлын райдыдтой адæм. Хур бæрзонд ссыди... — Къоста, афон у. Цом, — дуарæй æваст æрба- дзырдта Аннæ, дидинджыты-бастимæ, йæ фæдыл ба- хызтысты Кипиани æмæ Петров дæр. Къоста йæ фыссын фæуагъта, «æгас цуай» сын загъта, стæй уаты къуымы къулы æнцоймæ ацамыдта Лермонтовы нывмæ: — Мæхи конд у. Райс æй демæ, Анютæ. Уæд Алык- сандр æмæ Гаппо та кæм сты? — Фæцæуынц, — дзуапп радта Аннæ^ æмæ ныв райста... Фæсивæд раивылдысты уынгмæ. Уайтагъд бахæццæ сты фæзмæ, Лермонтовы цырты размæ. Адæм æмбырд кодтой йæ алыфарс æмæ йæм æдзынæг кастысты. Разæй, цыртмæ æввахс, лæууыдысты хæстон хæйт- тæ, салдæттыл — урс хæдæттæ, афицертыл — цъæх кителтæ. Сæ фæстæ та — горæты скъоладзаутæ æмæ алы организацитæ, пъæлицæйы кусджытæ. Гаппо æмæ Алыксандр лæууыдысты иуварсырды- гæй. Къоста, Аннæ, Петров æмæ сæм Кипиани бацы* дысты* 72
— Æрæгмæ гом кæнынц цырт, — сдзырдта æрæ- джиау Гаппо. — Цалынмæ, аргъуаны сихоры аргъуыд фæуа, уæдмæ йæ нæ байгом кæндзысты,—загъта Алыксандр, Хур хæхты сæрмæ стылди. Адæмы æхсæн бæрзонд- мæ схызтис Терчы облæсты хицау инæлар Смекалов æмæ дзурын райдыдта: — Ацы цырт абон гом кæнæм нæ райгуырæн бæс- тæйы уарзон хъæбул, хъæбатыр поэт Лермонювы номыл. Цырты урс æмбæрзæн æрлæсыди зæхмæ æмæ, хур- мæ тæмæнтæ калгæ, разынди поэты сурæт. Стыр цыппæрдигъон дурын къæйыл лæууыд бæр- зонд постамент, пирамидæйы хуызæн. Поэт йæ рахиз къухыл æруагъта йæ сæр æмæ цæуылдæр хъуыдытæ кæны, йæ уæрджытыл æрхаудта йæ цинел æмæ цæр- гæсау кæсы йæ уарзон Кавказы цъитиджын хæхтæм. — Бирæ нæ ацард нæ поэт, — дзырдта дарддæр инæлар Смекалов. — Фæлæ уый цы литературон бын- тæ ныууагъта, уыдон бирæ ахадынц, кæд ын-иу хат- гай’ нæ хицауады ныхмæ арæзт уыдысты, уæддæр, Уыдон, ацы цыртау, цæрдзысты æнусмæ... — Фæци йæ ныхас инæлар. — Ницы загъта сæрибарыл тохгæнæг стъалыйы тыххæй, — сдзырдта Къоста.—Цæмæн уыд тар дуджы уыцы стъалы æмбæхст къорд азты? Паддзах ын цырт саразыны бар радта Пятигорскы 1871 азы, æмæ йæ æрмæст ныр, 1889 азы, бахъуыди байгом кæнын. Цæмæн? — Фæлæуу, фæлæуу, Константин Леванович, — са- быр кодта Кипиани поэты, йæ фæлурс цæсгоммæ йын касти, афтæмæй> 73
— Дæхиуыл фæхæц, Къоста, — хъуыстис Цæлык- каты чызджы рæвдауæн хъæлæс дæр. — Мæн фæндыди Лермонтовы тыххæй мæ но1 æм- дзæвгæ бакæсын, — загъта Къоста æмæ систа поэты ныв. — Сæвæрæм сæ цырты раз. Иæ фæдыл Аннæ бахаста дидинджыты баст, Ки- пиани æмæ Петров та — венок, æмæ сæ иннæты æхсæн æрæвæрдтой. Иу цавæрдæр уацхæссæг, гæххæтт æмæ кърандас йæ къухты, афтæмæй хæххон цъæх цухъхъаджыны, Къостайы, куы ауыдта, уæд фæгуыбыр кодта, сæ ве- ночы лент сын раивæзта æмæ йыл бакаст: «Иры фæсивæдæй». Стæй гæххæттыл ’тагъд-тагъд цыдæртæ афыста. йæ цурмæ дыууæ лæджы бацыд. Сæ иу — ацæргæдæр, йæ халасхуыз зачъетæ даудта. Иннæ — æрыгондæр, саурихи, йæ тегла худ, йæ халат — йæ цонгыл. Уый дæр та ленты кæрон раивæзта æмæ йыл бакасти: <<Иры фæсивæдæй». Стæй фездæхтис уац- хæссæгмæ: — Чи сæ нывæрдта? — Уæртæ уыцы цухъхъаджын йе ’мбæлттимæ, — дзуапп ын радта фысгæ-фыссын, фæрсæгмæ нæ кæс* гæйæ. — Хетагуров у, Василий Иванович! — сцин кодта æрыгондæр, саулагъз. — Æцæг зæгъыс, — сразы йæ хистæр. Уый йедтæ- мæ йæ ирæттæй афтæ дæсны чи скодтаид! — ацамыдта Лермонтовы нывмæ. Къоста сæ не ’рхъуыды кодта. Уый æнцад лæу- уыди йе ’мбæлтты разæй æмæ йæ цæстытæ ныц- цавта, Смекаловы фæстæ цырты цур чи дзырдта, уы- донмæ... 1\
2 Адæм къордгай цыдысты Пятигорскы иумæйаг æмбырды агъуыстмæ аходæны фынгмæ. Фæлæ Кьоста йæ бынаты лæугæйæ баззад. Æддæдæр та — цалдæ- рæй йе ’мбæлттæ... Уый йæ уæлдзармхуд систа æмæ æдзынæг кастис йæ уарзон поэты цыртмæ. Иæ зæрдæ уынгæг кюдта, хæстæг æм бацæуынмæ æмæ йæ хъæ- лæсыдзагæй бакæсынмæ хъавыди Лермонтовы тых- хæй йе ’мдзæвгæ, Пушкины амарды тыххæй адæм ч Лермонтовы æмдзæвгæ куыд кастысты, афтæ. Фæлæ уым ничиуал уыдис. Къоста нæ бамбæрста, дыууæ æнахуыр’ лæджы Петровимæ йæ цуры куыдæй фев- зæрдысты, уый. — Къоста, иунæгæй ма цы лæууыс? Мæнæ нæ ахуыргæнджыты нал зоныс? — загъта райгондæй Пет- ров, Къостайы уæхскыл йæ къух æрæвæргæйæ. Бурзачъеджын, цъæхдзаст лæг, морæхуыз костю- мы, йæ тегла худ систа æмæ худæнбылæй йæ къух Къостамæ бадардта: — Нал мæ зоныс, Константии? — Михаил Васильевич! — фæхъæр ласта Къоста, - æмæ ахъæбыс кодта йæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæ- нæг Красновæн, стæй та йæ нывгæнæг ахуыргæнæг Василий Иванович Смирновæн, • — Æз та ма ардæм куы цыдтæн, уæд сымах мы- сыдтæн... Цымæ, зæгъын, Стъараполæй нæ ахуыргæн- джытæ не ’ссæудзысты?.. — Ферох мæ кодтай, Коистантин. Ныр цал азы рацыди!.. Кæдæй нырмæ дæ нал федтам! Стъараполы дын дæ фыстытæ «Цæгат Кавказы» газеты фæкæсæм... ~ Къоста канд поэт нæ, фæлæ нывгæнæг дæр 75
ссис сымах руаджы, — загъта Петров, цыртмæ скæс-; гæйæ. ~ ';!*{ — Мах ын йæ нывты равдысты хабар фехъуыстам! газеттæй. Фæлæ нын ссæуыны амал нæ фæцкс, —.■ загъта Смирнов, Къостайы дæлармыл хæцгæйæ. , ^ — Хъыгаг у уый, — сдзырдта Краснов дæр. \ |, — Уый ма ницы кæны, фæлæ хъыгаг у, Михашь Васильевич, Къостайæн ам Лермонтовы тыххæй йе,:! ’мдзæвгæ бакæсыны бар кæй нæ радтой, уый, — загъ- та Петров. Краснов ахъуыды кодта, стæй сдзырдта: ’ , < — Нæ радтой бар... Ууыл ма тыхсут. Уæртæ Лер- монтовы бадты дæр бирæ адæм уыдзæн. Уым æй ба- кæсдзæни. Стæй йæ «Цæгат Кавказы» газетмæ дæр ратдзыстæм. — Уый хорз фæнд у, — фæхъæлдзæгдæр Къоста.— Пятигорскы газеты редактор мын æй нæ айста... — Æмæ дзы Къостайы фыст цæмæн хъæуы,—фæл- хатæгæй сдзырдта Петров, — уæздæтты поэттæ Проха- нов, Короткины æмдзæвгæтæ дзы куы уой, уæд?! 3 Æнтæф бон. Сихорафок Стыр агъуысты адæм æрбадтысты стъолты алыфарс. Сæн, арахъхъ æмæ бæ- гæныйæ дзаг уыдысты фынгтæ. Сидтысты, рæгъытæ уагътой хицæутты, хæдхæцæг паддзах æмæ йæ бинон- ты тыххæй. Кæсын райдыдтой арфæйы телтæ: Бетъыр- бухæй, Хъазанæй, Киевæй, Новороссийскæй, «Уырыс- саг литературæ уарзæг æхсæнадæй», алы редакцитæй... Стæй Лермонтовы тыххæй се ’мдзæвгæтæ кастысты уæздæтты поэттæ Афросимов, Коррткин æмæ Про- ханов. 76
Сæрдар, инæлар Смекалов, æрæджиау ныхасы бар радта Ирыстоны æмæ хæххон адæмты фæсивæды но- мæй Къостайæн. Уый фынджы дæллаг кæронæй сыс- тад æмæ дзырдта йе ’мдзæвгæ «Лермонтовы цырты раз»*: 0, цин кæн ды, мæ зынаргъ, мæ райгуырæн зæхх, Æмæ байрох кæн де ’нусон сагъæс, — Ныр дæ фæндтæ æргомæй зындзысты уæрæх Мæнæ бархийы фæндиаг — ракæс! Зон, сæрибар уыдзæн... Къоста тыхджын хъæлæсæй дзырдта, стæй йæ ны- хас балхынцъ кодта: «Уадз æмæ ацы бæрæгбон хуыз- дæрæн фæуæд махæн, равзæрæд дзы фарн æмæ амонд адæмæн, судзæд Лермонтовы поэзи нæ зæрдæты, цы- рагъау, æмæ нæ ахуыр кæнæд рæстдзинадыл». Стæй та йæ хъæлæсы уаг фæбæрзонддæр кодта поэт, йе ’ргом аздæхта хæхтырдæм æмæ, Лермонтовы цыртмæ аца- монгæйæ, загьта: Бауарз афтæ ды уый, куыд йæхæдæг дæуæи Уарзта тард поэт дæ айнæг къæдзæхтæ... — Цы зæгъы? Сæрибар? — хъуыр-хъуыр кодтой иуæй-иу цъæх мундирджынтæ. — Чи у уыцы цухъхъаджын?—мæстыхуызæй фарс- той иннæ пъæлицæйы кусджытæ. Къоста тынгæй-тынгдæр дзырдта, æмæ йæ алы ны- хасæй дæр сæрыхъуынтæ арц бадтысты. — Хæххон поэт амбылдта! Иттæг хорз бакасти! — фехъуысти адæмы æхсæнæй кæйдæр хъæлæс. * Уырыссаг æвзагæй Плиты Г. тæлмац. 77
— Чи у? Уырыссаг нæу? — Ирон поэт, — загъта Краснов. Къоста дзырд фæци æмæ йæ цæстысыгтæ асæрфта. йæ ахуыргæнджытæ Смирнов æмæ Краснов ын йæ къух райстой. Ие ’мбæлтты цæсгæмттæ ныррухс сты, фæлæ сæ цæстæнгасы уыди тарстдзинад. Уыдон уыд- той, Пятигорскы пъæлицæйы хицау Смекаловы хъусы цыдæртæ куыд дзырдта, уый. Къоста сыздæхти Дзæуджыхъæумæ æмæ æрцардис Цæлыккаты хæдзары. Алыксандр йæ чызг Аннæйы райгуырды бон сарæзта фынг. Стъолтыл—хуынтæ, ди- динджытæ, алыхуызон хæринæгтæ. Се ’хсæнæй æрттыв- та ирон разкъæртт къабайы камари æмæ риуæгънæ- джытимæ Аннæйы хуыз. Цагъта гимназистты оркестр, кафыдысты лæппутæ æмæ чызджытæ. Рæгъытæ код- той хистæртæ: Кипиани, Шанаты Ибрагим, Шредерс, редакцийы кусджытæ Петров æмæ Бабич. Фæсивæды астæу уæлдай бæрæг дардта Дзахсораты æрыгон афи- цер Дзамболат. Аннæ фисгармоны цур чызджьпимæ лæууыд, лæппумæ-иу аивæй бакасти æмæ-иу фæсырх. Чысылæй афицерты скъоламæ ацыди æмæ йæ Аннæ къорд азы нал федта. Ныр каст фæци æмæ æрыздæхт. Адæмæн æм сæ фылдæр сæ цæстытæ ныццавтой. Уый уыдис урсцъар, дæргъæлвæст цæсгомджын, нарæг ас- тæу, цъæх кителы, лакæй ахуырст æрттиваг цырыхъ- хъыты. Аннæйырдæм зына-нæзына йæ мидбылты худти. — Дзамболатæн иу кафт! — сдзырдта чидæр гим- назисттæй. 78
Уый комкоммæ бацыдис Аннæмæ. Чызг æм рахыз- ти æмæ уаты къуымты æрттиваг кæсæгтау ленк код- той. Аннæйы зæлдаг разкъæртт къабайы камарийæ æлвæст астæуыл урс æрмкъухтæй хæцыди лæппу. Рæс- тæгæй-рæстæгмæ-иу кæрæдзимæ бакастысты æмæ цы- дæртæ дзырдтой... — Æнкъард ма кæн, Кьоста, — фæкомкоммæ йæм ис Сухиты Вера. —Мах дæр иумæ акафæм!.. Дзамболат кафт фæци, аууонмæ бацыд æмæ уаты къуымæй æрттывтой йæ сызгъæрин пъагонтæ. Аннæи- мæ кæрæдзи зыдтой сæ чысылæй фæстæмæ. Ныр та сæмбæлдысты. — Хъуыды ма кæныс, иухатт дын бедрайæ дæ сæрыл дон куы ауагътон æмæ дæ ризæг куы фæлыгъ- дис? — фарста Дзамболат Аннæйы. — Æмæ дын æз дæ тетрадыл чернилæйæ ахуырст бындз куыд ауагътон, уый дæ зæрдыл нал лæууы? — ныххудти Аннæ. — Уыцы бонтæ аивгъуыдтой. Куыд рæсугъд уыды- сты, æвæдза! Ныр дæр та, чи зоны, тагъд мауал сæм- бæлæм, — загъта лæппу, фенкъард уæвгæйæ. — Афтæ ма дзур... — бахъынцъым кодта чызг. — Цæуылнæ? Æфсæддоны хъысмæт афтæ у: абон ам, райсом дæ кæдæм аппардзысты, уый бæрæг нæй. — Искуыдæм уæ æрвитынц? — Пятигорскмæ, зæгъынц... — Папæ æмæ Къоста дæр уырдæм цæудзысты..„ Цы хорз уаид!.. — Чи у Къоста та? — бафарста Дзамболат. — Уый нæ хæлар у, поэт æмæ нывгæнæг. Уартæ мын мæ хуыз куыд сарæзта! — йæ хистæр æнгуыл- дзæй ацамыдта Аннæ. 79
— Уый дын уæдæ æвзæр æмбал нæ уыдзæн мæ фæстæ, — къахæгау загъга Дзамболат. — Къоста зынаргъ адæймаг у, курдиатджын... Фæ- лæ мæ зæрдæ... — фæурæдта чызг йæ ныхас. — Цы- фæнды куы уа, уæддæр, мæ зæрдæ кæимæ ис, уый зоныс... «Кæсут, чызджытæ... Уый уын мæ ныфсытæ... Ми- тæй мæсгуытæ амадтон», — загъта йæхинымæры Къос- та æмæ фæндырдзагъдмёэ сабыргай базарыди: Кæд кæрæдзийы Фаг нæ рæвдыдтам? Кæд кæрæдзийæн Фаг нæ фæдзырдтам Уарзон ныхæстæ Цард æнхъæлæджы?!. Стæй йæ мидбылты бахудт æмæ Верамæ бакасти — Къоста, Анютæ дыл æнувыд у, — ныфс ын æвæрдта Вера.—-Куыд æй уыныс, хъуыддаг æцæгæй афтæ нæу. — Уый та цы хоныс? — Цы хонын? Зæрдæйæн дыууæ дихы кæнæн нæй. Къоста аджих и, стæй сразы: — Раст дæ, раст, мæ хойы хай... Сæ дыууæ дæр уынгмæ, ныхæстæгæнгæ, рацыдысты. Уыцы æхсæв Къостайы зæрдæ Цæлыккаты хæдзар- мæ раздæхын нал бакуымдта æмæ Зукатæм баззади. Дыккаг бон Пушкины цæхæрадоныл гимназырдæм бацыди. Бæлæсты аууонæй йæм æнæнхъæлæджы фæ- зынди Аннæ. Чызг уыди сагъæсхуыз. «Дыууæ мæйы фæстæ гимназы каст фæуыдзæн æмæ йæ дарддæры царды фæндаджы мæт йæ зæрдæйы ба- цыд», — ахæм хъуыдытæ æвзæрди Къостайы сæры. 80
Тынг æй фæндыдис йæ фенын æмæ йыл ныр кæй сæм- бæлди, уый йын æхсызгон уыд. — Аннæ! — фæдзырдта йæм уый. Чызг сонт лæуд фæкодта, æмæ йæм æваст фæзыл- ди. Къостайы цæсгом хурау фæрухс. Йæ къухы дардта цыдæр гæххæтты тыхтон. — Уый та дын цы у? Къоста арф ныуулæфыди: — Хæссын паддзахы ныв. — Равдис-ма йæ... 0, диссаджы рæсугъд у!—*загъ- та Аннæ, Ьартретмæ зулмæ бакæсгæйæ. — Нæй гæнæн, Анютæ. Æнæуи йæ нæ айсдзысты, æхца та хъæуы. Дæуæн циу?! Тагъд каст фæуыдзынæ гимназы, æмæ дæуæн дæр исты балæвар хъæуы. Тæ- худиаг... Ды æрыгон дæ... — дзырдта Къоста æмæ Аннæйы цæсгоммæ æдзынæг бакасти. — Æмæ ды зæронд дæ исты? — Рæстæг цæуы... — загъта поэт æнæбары... Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæиды, — Бар ма йын радт!.. Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды Иуæй-иу хатт... Афтæ фыстон æз æрæджы, — худæнбылæй дзырдта Къоста. Цыдæр зæгъынмæ ма хъавыд, фæлæ Цæлык- каты Алыксандр æмæ педагогон скъолайы директор Кизер æрбазындысты Бароны хæдзары фæстæйæ. Уы- дон цыдысты гимназæй. — Фендзысты нæ... — æфсæрмæй загъта Аннæ аемæ сысхади. — Папæ зæронд æгъдæуттæ нæ уарзы, фæлæ исты «дамтæ» рауайдзæн. 6 Нæ зарæггæнæг 81
Къоста сыстади. Аннæ ма фæлæууыд æмæ йæм бадзырдта: — Æмæ дын «фæлмæн тынтæ» уафын чи нæ"уадзы? — Дæхæдæг æй базон... — загъта Къоста. — Нæ йæ зонын... Фæлæ нывты равдысты цы ра- уад, уый зонын, — æмбарын ын кодта чызг. Къостайы зæрдæмæ рухсы цъыртт никæцæйуал касти... Уыцы бон Цæлыккаты хæдзарæй ацыди æмæ Аннæмæ фыста: Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры, Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын...
00!Шг8!>^0!ШЗ^^&Зй ЗÆРДÆЙЫ ЦÆХÆР еуан уыд рынчын æмæ хуыссыди рудзынджы цур. Уырдыгæй йæм зындысты Лабæйы хæхтæ æмæ хъæдтæ. Æрдзы рæсугъд змæлдмæ кæс- гæйæ, Леуаны цæстытыл уадысты йæ ивгъуыд бонтæ. Нары комы, Джинаты зæйуаты цы фыдæбæттæ уыд- та, Дагъистаны быдырты цы хæстыты уыдис, инæлар Каханов, инæлар Смекалов цы мæстытæ кодтой хæх* хон адæмтæн, йæ иунæг лæппу Къостайæн, — уыдон йæ зæрдыл лæууынц. Рæстæгæй-рæстæгмæ, йæ фырт кæм кусы, уырдæм бакæсы æмæ йæ тæригъæдæй стых- сы, йæ æмпылдтæ рустыл ферттивынц йæ цæссыгтæ. Фæндзæм бон ис Къоста Лабæйы æмæ архайы йæ нывтимæ. Фаллаг уаты Къостайы сынтæджы сæрмæ ауыгъд уыдысты йæ мад Мариа æмæ Цæлыккаты Аннæйы II 83
къа&тæ. Леуан с^ем кастис &ше"йæ зæрдæ уынгæг кодта. Æрæджиау, нал фæлæууыд æ&& й& срыртмæ фæсидтис: — Хæстæг ма мæм рауай, лæппу. Къоста йæ кусын фæуагъта, бауадис æм æмæ йæ фыдæн ахъæбыс кодта. — Цавæр сызгъæрин къухтæ дын ис! — дисгæнгæ- йæ загъта Леуан. — Бынтондæр æй йæхи хуызæн куыд скодтай дæ мады! Куы нæ йæ æрæййæфтай? Къоста дæр бакастис йæ нывтæм æмæ йæ цæстытæ æрæвæрдта Цæлыккаты Аннæйыл. — Кус, кус, мæ иунæг хур! — йæ мæллæг фæлурс къухтæй рæвдаугæ æрсæрфта Леуан йæ лæппуйы уæхс- чытæ. — Дæ амонд цы уа, уый æвзардзынæ... Уыцы ныхæстæ скæнгæйæ, зæронд фыд йæ цæсты- тæ æрцъынд кодта. — Ма риссын кæн, баба, дæхи... — Мæ цард, Годта, ницыуал у... Цас ма ахæс,- дзæн!.. Фæлæ ды куыд уыдзынæ мæ фæстæ?.. Æнцад дæ куынæуал уадзынц... — Паддзахы фæсдзæуинтæ, гæртамхортæ адæмы туг нуазынц. Хуры тыитау сабитыл рухсдзинад чи та- уы, уыцы иунæг скъола та сын æхгæнынмæ* хъавы- дысты... — Уый æмбарын, мæ лæппу... — Леуан фехъуыста æддейæ Хъызмыдæйы змæлын, йæ бустæ æмæ тызмæг ныхæстæ. — Цæуыл та зулмæ кæсыс? Дæхи æруадз, рынчын дæ! — дзырдта Хъызмыдæ, уатмæ бауайгæйæ. — Гæ- ныстон фæуой уыцы нывтæ! Æндæр куыст нал ис? йæ цæстыты комкоммæ сæ сауыгъта!.. Мæрдты дæр æй -84
мауал ныууадзут Гуыбаты чызджы!.. — тымыгътæ кодта ус Къостайырдæм, Мариайы къам къулыл. фенгæйæ. — Уæ, Сухион! Мæрдты кой та цы кæныс? Мах дæр уырдæм хъæуы. Ды уæлæуыл баззаинаг дæ?!..— мæллæг хъæлæсæй дзырдта зæронд Леуан.—Цы йын кусын кæныс лæппуйæн? йæ æнамондыл æй цæуылнæ ныууадзыс? Рагæй-æрæгмæ дзы дæ удхæссæг уыныс... Фыдыус тызмæгæй Леуанмæ, стæй та Къостамæ фæкасти æмæ федде ис. —. Курын дæ, баба, æмæ йæ ма къах! — рæвдауæн хъæлæсæй сдзырдта Къоста. — Ма риссын кæн дæхи... Сдзæбæх уыдзынæ... Нывтæ та ныртæккæ раппардзы- нæн, кæд хъыгдарынц, уæд. — Нæ! Сæ бынаты сæ уадз. Дæ мады ныв хорз скодтай, — загъта Леуан æмæ йæ лæппуйы сæр æр- сæрфта... Къоста сагъдауæй баззади йæ фыды цур. Иæ зæр- дыл æрбалæууыди, Цæлыккаты хæдзарæй куыд ацы- ди, ирон сылгоймæгты скъола куыд сæхгæдтой, пъы- рыстыф Голубов æм куыд фæсидтис, Терчы облæс- тæй йæ куыд æрвыстой, уыдæттæ. Уый та уыдис афтæ: — Мæн хъуыды кæндзынæ? — пъырыстыф бафар- ста Къостайы. — Тынг хорз, — дзуапп ын радта. — Мах зонæм, Уæлгъайы номыл хъаст кæй балæ- вæрдтай, уый. Æмæ дæ бауырныдта, скъола ногæй кусдзæн, уый? —. Æнæмæнг, господин пъырыстыф, уымæн æмæ йæ сæхгæд закъон нæ амоны. — Æмæ закъон амоны, дæ хæлæрттæй иу—Ни- 85
къала Петров, прокламаци куы фысса, де ’мдзæвгæтæ «Салдат» æмæ æндæртæй адæмы зонд куы хала, уæд?.. Ды журналист Петровы æмбал нæ дæ?.. - — Дæй... — Æмæ дæхи зылынджын нæ хоныс? — Нæ хонын. — Уæдæ мæнæ ацы гæххæтты дæ къух æрæвæр, — загъта пъырыстыф. Уый йæ райста æмæ дзы бакасти: «Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста йæ литературон куыст æмæ йæ алцы архайдæй дæр быцæу кæны хицауады ныхмæ, змæнты Дзæуджыхъæуы цæрджы- ты, ардауы сæ администрацийыл. Уый тыххæй хъуамæ æрвыст æрцæуа Терчы облæстæй фондз азы æм- гъуыдмæ. Терчы облæсты хицау инæлар С. В. Каханов.» — Ды иунæг нæ дæ, — загъта пъырыстыф, — сау- джын Цæлыккаты Алыксандр дæр ист æрцыди йæ куыстæй. Алчер Петры та арвыстой Великий Устюг- мæ. Варварæ Григорьевнæ Шредерсы ахуыргæнджытæ: Колыты Тотрадз æмæ Дзæхаты Тасолтан та, алчерæн ды цы «Адрес» ныффыстай, уый бахастой, æмæ уыдон дæр ахæстоны бадынц. Уыцы цаутæ Къостайы цæстытыл куы ауадысты, уæд та йæ фыды тыхстдзинадмæ бакасти æмæ йæ æрхуыссын кодта. Стæй йæ уатмæ бацыди. Хъубаны цъæх-цъæхид хæхтæ æрттывтой, æмæ до- ны уылæнты сыр-сыр рудзгуытæм скъæфта сæрдыгон хъарм дымгæ. 86
Къоста иу-цалдæр минуты фæкастис йæ мады æмæ Аннæйы нывтæм. Стæй райста пъеро æмæ Аннæмæ фыста: «Фыццаджыдæр мын бар ратт арфæ ракæнынæн, скъола каст кæй фæдæ, уый тыххæй. Куы зонис, куыд мæ фæнды дæу фенын! Ныр дæр ма мæ нæма уырны, æз 400 версты дарддæр дæн мæ дзæуджыхъæуккаг хæлæрттæй, уый. Фондз боны йедтæмæ нæма дæн нæ- химæ... Нырма ныр райхæлдтон мæ чумæданты баст æмæ бафснайдтон мæ уат... Дæ ныв дын ныронг æм- бæхстон. Ныр, сæттын ыл, сарæзтон æй мæхицæн æмæ йæ сауыгътон мæ мады нывы фарсмæ... Æз юрист нæ дæн, фæлæ нывгæнæг дæн. Уымæн хатыр вæййы иуæй-иу хатт йæ хивæнддзинад... Охх, Аннæ, дæуæн цы у!.. Ды æрыгон дæ, цардæй æмæ хъаруйæ — æфсæст. Ды нæма зоныс царды зындзи- нæдтæ, йæ гакъон-макъон фæзилæнтæ... Додой дæ сæр кæны, ды дæ уарзæгой зæрдæ, дæ курдиат куы баивай æнæмæт, хъæздыг цардыл! Дæхи сахуыр кæн фæллой кæнын æмæ адæмы уар- зыныл, уæд ды уыдзынæ æппæтæй амондджындæр. Ма бахуд. Æз дæу нæ ахуыр кæнын... Мæн æрмæст фæнды демæ аныхас кæнын хæлар æмæ æфсымæры хуызæн. фæлæ... Æнæ вексель, æнæ распискæ, æнæ мулк, æнæ æхца нæй уарзондзинад, — æнæ балхæнгæ- йæ нæй». Къоста фæци йæ писмо фыст, сагъæс байдыдта æмæ та йæ зæрдыл æрлæууыди, Аннæ йын æрæджы цы дзуапп радта, уый: «Мæн нырма уæгъдибарæй ацæрын фæнды... Æз нырма ныр фæдæн гимназ». Ууыл куыд хъуамæ сразы уон?! Фæлæ цыфæнды куы фæуа, уæддæр хъуамæ æз Дзæуджыхъæумæ ацæ- 87
уон æмæ Аннæйы фенон... Æрмæст ма мæ фыды хуыз ахорæнтæй саразон», — хъуыды кодта поэт. Уыдис ногбонты размæ хур^ бон. Къоста ахорæнтæ райста æмæ кастис йæ фыдмæ. Уый ныр архайдта Леуаны урссæр æмæ зачъетæ кæттаджы гæппæлыл аразыныл. Фыд-иу йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ- иу хуыссыди, куы та-иу сæ ракаст æмæ-иу дисы бацыд йæ лæппуйы æнувыд архайдыл... Изæрырдæм Къоста йæ эскиз йæ фыдмæ равдыста. Леуан йæ фырты къæбæлдзыг сæрыл æрхаста йæ мæл- лæг даргъ æнгуылдзтæ, бакасти зивæггæнæгау йæ хуызмæ æмæ æнуд хъæлæсæй сдзырдта: — Уый дæр хорз у, мæ хур... Фæлæ Ногбон. Ног аз райсом у æмæ уын ног амонд раттæд... Ног аз арвитут, стæй, Годта, кæд сыстон, уæд Калакмæ наместникмæ ацæудзынæн, — ныфсытæ æвæрдта, фыд, йæ лæппуйы хъысмæтыл мæт кæнгæйæ. * # Мит уарыди. Уыдис уазал. Варварæ Шредерс æмæ йæ лæг Владислав цин кодтой сæ уазæг, гуырдзиаг литератор Самхиев Ванойыл. Варварæ Григорьевнæ сын хаста стъолмæ къахетаг сæн, хæринæгтæ. Вано мысыди æмæ куывта йæ хæлар поэт Къостайы цæрæн- боны тыххæй, дзырдта, гуырдзиаг æмæ ирон литера- турæйыл иумæ куыд куыстой, æмæуыцы æфсымæрдзи- нады ныхмæ пъæлицæ куыд лæууынц, уый тыххæй. Ныр æнæнхъæлæджы уаты дуар куы фегом и æмæ Къоста йæ нымæты мидæмæ куы бахызти, уæд се ’ппæт дæр джихæй баззадысты. '88
— Къоста!—фæхъæр ласта хъæлдзæгæй Варварæ. Вано æмæ йыл Владислав сæхи баппæрстой æмæ йæ сæ хъæбысы акодтой. — Энгель! — фæдзырдта Варварæ. — Рацу-ма,- мæнæ нæм чи æрбацыд. Мидæггаг уатæй разгъордта къæбæлдзыгсæр, цъæхдзаст цыппæрдæсаздзыд чызг. — Куыд сдынджыр дæ, Энгель! — фæлмæн бахуд- ти Къоста, стæй йæм йæ къух авæрдта æмæ йыл рæв- дауæнхуызæй йæ цæст ахаста.—Æнæхъæн афæдз дæ нал федтон. Къоста зыдта: Варварæ чызджы хъомыл кæнын- мæ райста, æмæ йæм уæлдай хæларзæрдæ дард- та, æхсызгон ын уыди, ныр гимназы цыппæрæймаг къласы кæй ахуыр кодта, уый. —" Мæ зæрдæ уæм нал фæлæууыд, мæ хæлæрттæ, æмæ уæ абæрæг кодтон, — дзырдта Къоста. — Рох дæ не ’стæм, уый бæрæг у, — загъта Вар- варæ æмæ йæм нуазæн авæрдта. — Суазал дæ æмæ дæхи ахъарм кæн дæ уарзон къахетаг сæнæй. Къоста йæ райста æмæ цыдæр сагъæстæ йæ цæс- тæнгасы фæзындысты. — Æнкъард ма кæн, Къоста,—загъта Вано.—Дæ фæдыл бирæтæ цæуынц фæсивæдæй; кæй бартыл тох кæныс, дæ зарджытæ кæуыл фыссыс, уыдон дæ сæ зæрдыл дарынц. — Мæнæн, мæ хуртæ, ничиуал ис сымах йедтæ- мæ, — æрхуымæй сдзырдта Къоста. — Нал сты нæхи- уæттæ: Алыксандр — Пятигорскы, Петров — Сыбыры, Ибрагим — Стъараполы, Кипиани... Рухсаг уæд! — загъта Къоста. — Рысти нæ адæмы рыстæй... — Кипиани Михаил Заалович!.. — æнкъардæк, йæ 89
хъæлæс фæныллæг кæнгæйæ, сдзырдта Варварæ дæр. — Сызгъæрин зæрдæйы хицау уыди. — Къоста йæ ингæны уæлхъус бафыста йæ æмба- лы хæс, — загъта Владислав. — Адæм фæкуыдтой, йæ рухсаджы тыххæй æм- дзæвгæ куы кастис, уæд, — загъта Вано дæр. — Æмæ йын хорз аргъ скодтой. Йæ зианмæ æгас дзыллæтæ сызмæлыдысты; уырысæй, ирæй, кæсæгæй, гуырдзыйæ, сомихæй, мæхъхъæлæй. Стыр Саборы цур æрæвæрд- той чырын 1891 азы 3-æм мартъийы. Хъуыды ма йæ кæ- нын, адæм æваст фенцадысты, Къоста йæ цъæх цухъ- хъэйы, æнæ худæй куы æрлæууыди марды цур, уæд. Дзæвгар рæстæджы фырæрхæндæгæй ницы сдзырдта. Стæй «фæндараст», зæгъгæ, йæ фыццаг ныхас дзыл- лæйы æхсæнæй куы фехъуыст, уæд адæм хæкъуырц- цæгæй кæуын систой. Æмдзæвгæ иронау каст куы фæци, уæд иудзæвгар сагъдæй алæууыд, æмæта райдыдта уырыссагау дæр... — Кипианийы рухсаджы тыххæй баназæм,—фæци фыссæг Вано йæ ныхас æмæ сæны агуывзæ систа. Йæ фæдыл иннæтæ дæр...—Æз та Къостайы цæрæнбоны тыххæй нуазын, — загъта Владислав. — Æгайтма та дæ федтам... Фæлæ дын кæд исты тас у? — бафарс- та уый. Варварæйы лæг рагæй зыдта Къостайы. Уый куыс- та тæрхондоны æмæ службæ кодта æнæбары... Рух- сады къорды йæ усы æмæ Къостайы куыст та хуыдта кадджын. Ныр Владиславы фарстыл поэт куы ахъуы- ды кодта, уæд дзуапп радта: — Æцæгдæр æз ардæм суадтæн пъæлицæйы æвас- тæй... Æнæ ссæугæ та мын гæнæн нæ уыдис... — Æнæ дæу мах дæр ам хъыг кæнæм. Горæты ба- '90
мынæг ис нæ куыст, — загъта Варварæ, — нæ изæрон скъола нын сæхгæдтой. Æрмæст сын сылгоймæгты скъола сæхгæнынæй ницы рауад. — Фæсивæд дын кæнынц дæ «Балцы зарæг», уый сæм сиды размæ, — æхсызгонæй дзырдта Шредерс, стæй сæ ныхас рахызт литературæ æмæ аивадмæ. 3 Уыд ма æнафон, афтæ сыстадысты, æмæ Варварæ рацыдис Къостайы фæдыл. — Куыддæр хорз нæ цæуынц хъуыддæгтæ, — дзырдта Варварæ. — Цæлыккатьг чызг нырма саби у æмæ уæлиæутты тæхы. Поповæ та куы базыдта, ды Аннæйыл дзурыс, уый, уæд Калакмæ тæргайы хуызæн алыгъди. Къоста уыцы хабар æнæнхъæлæджы куы фехъуыс- та, уæд хъуыдыты аныгъуылди æмæ æнæ сдзургæйæ бирæ фæцыди Шредерсимæ. Пушкины сквермæ бахæц- цæ сты. — Кæй кой кæнай—къæсæрмæ!—сдзырдта Варва- рæ æмæ ацамыдта цæхæрадонмæ, Аннæ æмæ Сухиты Верайы уым бандоныл бадгæ куы ауыдта, уæд. Уыдон æхсызгон ныхас кодтой цæуылдæр. — Леуаны фырт Къоста, дам, ам ис. Ды ницы фехъуыстай, Верочкæ? — Бæлвырд дын нæ зæгъдзынæн. — Иæ арвысты размæ ма мах фæстаг хатт бадтыс- тæм ацы ран æмæ мын уайдзæфтæ кодта Дзахсораты Дзамболаты тыххæй. — Анютæ, сымах Къостаимæ амондджын уаиккат... Уый дæ куыд уарзы, афтæ ничи... 91
— Вера, мах æрвад стæм, æмæ дын зæрдæйæ зæ- гъон: дыууæ харбызы иу къухæй сисæн нæй. Вера нæ бамбæрста Аннæйы къахæн ныхас. . , — Цæмæй зæгъыс? — Къоста дыууæ амондмæ хъавы. — Æмбарын дæ... Фæлæ дæ зæрдæйы кæрон дæр ма уæд Аннæ Поповæ. Уый ам дæр куынæуал ис. — Уæдæ йæм цы фыссы? Цы? — бадис кодта Вера. — Мæнæ, хъус, — цырдгомау сдзырдта Аннæ, йæ ридикюлæй гæххæтты гæппæл систа æмæ дзы бакаст: «Æууæнд мыл ды: нæ ферох кодтон æз нæ хæхтæ...» — Нæ, Анютæ, ды раст нæ дæ... Къоста дæу уар- зы... Уыцы æмдзæвгæ ницы давы... — Дæумæ гæсгæ, иу ницы давы, иннæ ницы да- вы?.. Мæнæй, Вера, рох нæу, мах билеттæ куы уæй кодтам йæ «Нывты равдысты», уæд цы федтон, уый. — Цы? — бадис кодта Вера. Аннæ фæхъуси. йæ рæсугъд уадултæ асырх сты æмæ йæ цæстæнгас зæххы фæцавта. Бæрæг уыди, чыз- гæн йæ зæрдæйы цы хъуыды фегуырди, уый, дзурын ын зын кæй у æмæ цалдæр хатты арф ныуулæфыди, стæй сдзырдта: — «Цы» куы зæгъай, уæд йæ сæргондыл мæ цæст ацахста æртæ дамгъæйы «А. Я. П». — Цы амонынц уыдон та? — Æз дын сæ зæгъон: Аннæ Яковлевнæ Поповæ, æндæр цы? Мæ ном, миййаг, куы нæ амонынц... Вера скатай. Иудзæвгар ахъуыды кодта, стæй хъæддыхæй сдзырдта: — Уыцы рæнхъытæ исты куы давиккой, уæд дæм нæхи Гагойы не ’рæрвыстаид минæвар, Цæуылнæ бар-
выста Поповтæм ахæм минæвар, кæд йæ зæрды исты уыди, уæд?.. Ды йын цы дзуапп радтай?.. — Æмæ йьш цы дзуапп радтон? — йæ цæсгом фæрухсдæр Аннæйæн. «Кæд, миййаг, Вера раст зæгъы, — ахъуыды кодта йæхинымæры чызг. — Цы бæрæг ын ис?» — Рæстæг бацамондзæн, Вера... Ныр уал цом, — загъта Аннæ æмæ сыстади. Куыддæр скверæй рараст сты, афтæ фæсте сæ хъустыл ауади кæйдæр хъæр: — Анютæ, Вера! Ардæм, ардæм! Чызджытæ фездæхтысты æмæ сæ размæ тындзыд- той Къоста æмæ Варварæ Шредерс. Аннæ афæлурс. Уайтагъд йæ сæры февзæрди поэты минæвар Гаго æмæ йæ дзуапп йæ ныстуанæн. — Хатыр мын бакæ, Аннæ. Æгайтма та сæмбæл- дыстæм. Уæдæ æнæ дæу фенгæ куыд ацæуон? — зæр- дæхæларæй загъта Къоста, чызджы къух райс- гæйæ. Шредерс Верайы дæлармыл фæхæцыди. — Мах, Анютæ, цыдыстæм гимназырдæм. Дæу фе- нын дæр нæ фæндыди... Аныхас ^кæнут сымах ныр уæхуыдтæг, мах Вераимæ цом, — загъта Шредерс æмæ фæраст сты. — Аннæ, кæд дын хъыг у нæ сæмбæлд? — афарста Къоста. — Уый мын хъыг нæ уыд, — дзуапп радта чызг сæргуыбырæй, —- фæлæ мæм дæхæдæг, æвæццæгæн, стæргай дæ?.. Дæуæн хъæуы дæхи аккаг, хорз æмбал ссарын... — Раст зæгъыс, Аннæ... Æз æнæ цинтæ, æнæ ис- бон... Стæй уыйас æрыгон дæр нал дæн. Хуымæтæджы ирон, бонгай кусæг... Æрвыст лæг... 93
Аннæ уыцы ныхæстæм фефсæрмы ис. Къоста кæй кой кæнынмæ хъавы, уый бамбæрста. — Æз ма ноджыдæр ^æгъын: аргъ дын кæнын, Къоста, фæлæ ма мæ ахъуыды хъæуы... Нырма ныр куы фæдæн гимназ дæр... Стæй нырма æвзонг дæн... — Æмбарын дæ, — æнкъардæй загъта Къоста — Дзахсоры-фыртæн æвзонг нæ дæ... '"— Уайдзæф мын кæныс, Къоста? — Нæ, Анютæ. Рæстæг афтæ амоны, уый тыххæй мын хатыр бакæн... Уазал дымгæ мит цæсгомыл цæвын райдыдта. Къоста æмæ Аннæ ныхæстæгæнгæ Цæлыккаты дуармæ бахæццæ сты. Аннæ йæ къух Къостамæ бадардта. — Цæй, бæрæг уыдзæнис... Ныр уал хæрзæхсæв! Къоста уыцы фæндагыл бацыд Шредерсмæ «хæрз- бон» зæгъынмæ. Фæлæ хæдзары Энгель йедтæмæ ни- кæйы ссардта. — Кæмдæр бафæстиат ис, — загъта чызг æмæ Къостамæ йæ альбом радавта: — Ныффысс-ма мын ам иу æмдзæвгæ.—Къоста цæ- уынмæ хъавыди, уалынмæ кулдуары хъæр фæиыди. Энгель рудзынгæй акастис. — Пъæлицæ! — фæхъæр кодта чызг. Къоста афæлурс. Хæдзары алыварс цалдæр жан- дармы лæууыдысты гæрзифтонгæй. Сæ иу кулдуары фæмидæг ис æмæ афарста: — Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста нæ дæ? Къоста йæ нымæт йе ’уæхскыл баппæрста æмæ са- быр, æдæрсгæ сдзырдта. — Æз дæн. — Ма" йæм æвналут! Уый ницы бакодта æвзæ- 94
рæй! — фæдзырдта сæм Энгель æмæ йæ цæстысыгтæ ферттывтой йæ рæсугъд урс уадултыл. — Ды та чи дæ, къулбадæг? — тызмæгæй йæм бакасти пъæлицæйаг, стæй Къостайырдæм фæзылди: — Ды дæ ахст Терчы облæсты хицауы бардзырд- мæ гæсгæ. Цæугæ нæ разæй! ...Авд боны æмæ æхсæвы фæбадтис Къоста Дзæу- джыхъæуы ахæстоны. Уый фæстæ хъаст ныффыста æмæ йæм пъæлицæйы пъырыстыф фæсидтис. — Горæтмæ æрцæуыны бар дын нæй, уый дын нæ загътон? — мæстыйæ йæм сдзырдта пъырыстыф. — Уый у Терчы облæсты хицауы уынаффæ. Ныр дæ къух æрæвæр мæнæ ацы гæххæтты, де ’мгъуыд фæуын- мæ куыд нал фæзындзынæ Дзæуджыхъæуы окруджы, ууыл... — Æз ардæм æрцыдтæн, мæ кусæн дзаумæттæй ма ме ’рмадзы чи баззади, уыдонмæ, — дзуапп радта Къоста. — Уый тыххæй та, дæ «бæрзонддзинад» куы зо- ныс æгъдау: хицауадæй дæ бар ракурын хъуыди. Æм- барыс? Цыппар æмæ ссæдз сахатмæ хъуамæ горæты мауал уай. Закъон закъон у!.. — Сымахæй уæлдай ма адæммæ ис æндæр за- къонтæ дæр æмæ уæ уыдоны ард басудздзæн,—дзуапп радта Къоста, ручкæ ’æрæппæрста стъолмæ æмæ ра- цыд уырдыгæй. Иæ фæндаг уыд фæстæмæ йæ хасты бынат — Хъæрæсемæ.
ттеэъшшт&ьйх ш ЗАРÆГ ХЪУЫСЫД... 1 ыр нал уардзæн! — иæ карды сæрыл хæцгæиæ, загъта хъæуыхицау æмæ арвы рухсмæ скасти. — Куыд нал уардзæн, уаих фæуай! Далæ ма акæсут мæ кæртмæ, заборыл дон куы бакалдис æмæ мын мæ цæхæрадон куы ласы, — загъта Хораны-фырт, йæ лæдзæг тилгæйæ. — Дæ бæрзонддзинад, булкъон!—загъта хъæуы- хицау Асæбе. — Уæртæ хид куы разынди, дон кущ фæкъаддæр ис. Арв асыгъдæг... Уæд ма цы? — Æууæнк ыл нæй. Ахсæв нæ фæхæсдзæн... Фев- налут! — дзырдта булкъон. Адæм сæ белтæ æмæ фæрæттимæ лæууыдысты фæлмæстхуызæй, хуылыдзæй, чъизийæ. Уыдон нал хъуыстой хъæуыхицау æмæ булкъоны тызмæг ныхæс- тæм, фæлæ æдзынæг кзстысты, фаллаг фарсæй цы линейкæ фæзынд, æмæ хидыл доны сæрты куыд ленк 96
кодтой дыууæ бæхы, уымæ. Уылæнтæ сæ уæлæма систой. — Къоста! Васил! — адæм алырдыгæй, цингæнгæ- йæ, дзырдтой, æмæ сæ’ размæ бакалдысты. Æппæтæй сæм тагъддæр бахæццæ сты бæгъæввад, æнæхæдон дыууæ лæппуйы... Чи бæхы рохтыл рахæцы, чи цæл- хытыл, афтæмæй æрбафале кодтой линейкæ. Дыууæ- йæ дæр сæ рахастой сæ къухтыл. — Фарн уæ куысты уæд! — арфæ ракодта Къоста, йæ уæлдзармхуд хидæйдзаг сæрæй сисгæйæ. Адæм йæ алфамблай æртымбыл сты, йе ’мбал Кæсæбийы-фыр- тыл дæр ын цин кодтой семинаристтæ. Къоста Тæргай- доны ауæзтытыл йæ цæст ахаста. — Цæуыл калут уæ туг? Уаргæ нал æркæндзæн!— загъта уый. Созырыхъо иуварс лæууыд, мæсты каст бакодта адæммæ, стæй та Къостамæ æмæ бафарста: — Уыцы туалладжы та цы хъæуы? * — Æз кæд туаллаг дæн, уæддæр æхсины лæг нæ дæн! Уарын куы банцади, уæд ма адæмы туг цæуыл калын кæныс? — Дæ фæндагыл ацу, сæгæйдзаг студент! Нæ хъæ- уимæ дæ ницы хъуыддаг ис! Мæ туг æз хæстыты чы- сыл нæ фæкалдтон, — дзырдта Созырыхъо, йæ сыз- гъæрин карды сæрыл хæцгæйæ, — Хъæуыхицау! — Къоста фæдзырдта Асæбемæ.— Курын дæ æмæ ныртæккæ протокол ныффысс бул- къоныл. — Къоста, мæ хур, дæхи ма мæстджын кæн! Уазæг дæ æмæ дæ фæндагыл ацу... — дзырдта хъæуыхицау, исты фыдбылызæй тæрсгæйæ. Фæлæ булкъон тынгдæр рамæсты: » — Ды паддзахадыл цъыфкалæн куы кæныс! Дæ- 7 Нæ зарæггæнæг 97
уæн хæдзар куы нæ ис! Курын.дæ, Асæбе, æмæ аиу- варс кæн æрра студенты! Кæцæй та фæзынд, тард куы уыдиснæ Герчы бæстæйæ, уæд? Змæнты дзыллæйы. — Махæн Къоста иицы кодта, — райхъуысти адæ- мы æхсæнæй. — Иæ иу зарæджы аргъ куы не ’стæм, — загъта, Къостайы алыварс чи лæууыд, уыдонæй иу — семина- рист Дзасохты Гиго. Къоста йæ лабæйаг сыхаг Бадж- джерийы фырты базыдта. Чысылæй йæ чингуытæ *кæ- сын ахуыр кодта. Ныр ын йæ фенд æхсызгон уыдис, бахудт.æм æмæ йын йæ къух райста. Уалынмæ фæси- вæды æхсæнæй райхъуысти зарын: «О, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд..,». Созырыхъо ма сæм иу каст фæкодта, стæй йæ къухтæ йæ синтыл аьæрдта æмæ хъæуыхицауимæ уынджы арастис. Къоста арфæ ракодта Æрыдоны зæрæдтæн... «Адæ- мы хъыгдарæг адæмы фыдæх ссарæд!»—дзырдта поэт æмæ линейкæмæ бахызти. Бæхтæ фезмæлыдысты. Адæм ма йæ фæдыл кастысты, сæ худтæ тылдтой, цалынмæ нæ фæаууон ис Æрыдоны хиды æддейы стыр .дыууæ кæрдо бæласы дæлейы, уæдмæ... 2 Къоста æмæ йе ’мбæлттæ бахæццæ сты Гайттаты Налыхъмæ. Йæ хæдзары йæм æмбырдæй бадгæ бай- йæфтой йæ хæлæртты. Текъаты хъæуы сауджын Би- гъуылаты Додти сын загъта: — Мæнæн фæдзæхст у, Къоста æмæ Налыхъ се ’мбæлттимæ куыд. фæзыной чындзæхсæвмæ, афтæ. — Нæ балц Текъаты хъæумæ æвзæр нæ уыдзæн, — сразы Къоста. 93
— Æз рæвдз дæн, — дыккаг нал загъта Налыхъ дæр. — Мæнырдыгæй дзы къуылымпы нæ уыдзæн. Бæхтæ ифтыгъд сты, — æмæ сыстад, йæ сау цухъхъа йæ хæрзиуджытимæ скодта, даргъ ирон дамбаца, урс фистонджын хъама æрбабаста, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: «Ныр цæуын хъæуы балцы». Кæртмæ ра- хызтысты. Налыхъы хæрзхаст бæхтæ уазджыты скъæф- той Æрæфы доны былтыл. Додти Къостайы рагæй зыдта. Нывгæнæн академи- йы куы ахуыр кодта, уæд Додти та ахуыр кодта Бетъырбухы дины академийы. Кæд сауджынæй куыс- та, уæддæр йæ зондахаст, йæ зæрдæйыуаг нæ уыдысты уыцырдæм. Аргъуанæй-иу куы рацыд, уæд-иу дзырдта: — Дины хъуыддæгтæ гæды митæ сты, адæмы куырм кæнынц. Мархо никуы дардта, æмæ-иу ын куы загътой, уый тæригъæд у, зæгьгæ, уæд сын-иу дзуапп радта: — Уæд хæстытæ аразын, лæджы марын, мæгуыр- дзинад, цагъарад æфтауын тæригъæд не ’сты? Уыдон кæй аххосæй цæуынц.’уый зындонæй нæ тæрсы? Къоста уый тыххæй Додтийы бирæ уарзта, æмæ йемæ Дыгурмæ балцы уымæн сразы. Гайттаты Налыхъ дæр уыдис ахæм зондахастыл хæцæг. Уазджытæ бахæццæ сты Текъатыхъæумæ. Фысым- тæй æмдзæгъд цыдис. Кæрт уыдис адæмæй йæ тæккæ дзаг, кафт — йæ тынгыл. — Къоста! Къоста! — райхъуыстис дзыллæйы æх- сæнæйбирæты хъæлæстæ. Ротмистр Налыхъ уыди æфсæддон дарæсы. Додтийæн йæ сæрыхъуынтæ — цы- быр, йæ рясæ — цухъхъайы хуызæн. Андухъапар — йæ уырыссаг фæлысты. Хъазт фæсабыр, чызджытæ хæдзары раз рæнхъæй 99
лæууыдысты,- лæппутæ та — кæрты дуарырдыгæй, ин- нæ фарс, кауы рæбын. Къостайы йе ’мбæлттимæ бакодтой хъазты астæу- мæ. Адæм сарайы бадтысты фынгты алыварс. Хæдза- рæй фысымты хистæртæй иу, æгъдаумæ гæсгæ, рахас- та нуазæн æмæ йæ Къостамæ авæрдта. — Зæгъ, Къоста. Арфæ ракæнæм, — сдзырдта На- лыхъ. Кафæг фæсивæд æнгомдæр æрбалæууыдысты уазджытæм æмæ иу сыбыртт дæр никæцæйуал хъуыс- тис. Къоста сабыргай йæ цæст ахаста фæсивæдыл æмæ загъта: — Хорз адæм, уæ цин, уæ бадт рæстмæ уæд. Фæр- нæйдзаг уазджытæ уыл æмбæлæд! Нæ ирон кад æмæ ном бæрзонд дарын куыд фæразæм. Рухсмæ, сæрибар- мæ æнгомæй куыд цæуæм, иудзинад фидар кæнын- хъом, уæлдайдæр мæгуыр адæмы æфхæрæг чи у, уы- доны ных къуырынхъом куыд уæм, уыцы амонд нæ уæд. Афтæмæй уæ нуазæнæй уæ сæр кадджындæр уæд! — Аммен!—райхъуысти фæсивæдæй кæйдæр хъæр. — Æгас цæуæнт нæ уазджытæ! Æгас цæуæд нæ зарæггæнæг Къоста!—хъуысыди зæрæдты фынгæй дæр. Æрмæст сыхæгты кæртæй цавæрдæр къордæй цыди мæсты ныхæстæ: — Кæцæй та фæзынди, фыдбылыз? Хаст куы уы~ дис, — дзырдта сæ иу пъагонджын. — Цытæ уæнды? «Сæрибармæ», дам... — Къостаи- тырдæм йæ цæстытæ схъулæттæ кодта иннæ. — Ма сæм хъусут къулбадæг уæздæттæм, — загъ- та, фысымтæй нуазæн чи радта, уый, æмæ Налыхъы мæсты хуызмæ бакасти. — Къостайы ныхæстæ дзæбæхæй æрцæуæнт! Уæ
хъуыддаг амондджын уæд, — арфæ ракодта Налыхъ дæр. — Хæстæгдæр сæ рахонут уазджыты, — дзырдтой хистæртæ сæ бынæттæй. Уæд уыдон дæр бацыдысты куывды бадджытæм. 3. Райсомæй хур йæ был сдардта æмæ хъæуы сæрмæ фæззыгон бур хъæдыл ссыгъдысты йæ тынтæ. Ныррухс сты Дыгуры фæзтæ ’мæ къуылдымтæ. Хъæуы уынгты адæм сызмæлыдысты æмæ чындзæхсæв кæм уыди, уыр- дæм ногæй цыдысты, ныр чындзæхсæвмæ нæ, фæлæ Къостайы уынынмæ. Уазджыты линейкæ ифтыгъдæй лæууыди кæрты астæу. Сарайы къуымы та иукъор- дæй тохы рæсугъд зарджытæ кодтой. Фæстагмæ уæл- дæфы азæлыди: Фесæф, фесæф, цард, • Сау лæппуимæ, ’ Тагъд дæлдзæх фæу Ме ’намондимæ!.. Г""~ Фæсивæд фылдæрæй-фылдæр кодтой, æмæ хъæрдæ- рæй-хъæрдæр хъуысыд æгас хъæуыл сæ зарæг. Уалын- мæ уазджытæ хæдзарæй рацыдысты зæрæдтимæ. Ли- нейкæйы цурмæ æрбамбырд сты æмæ свш сæ къухтæ истой. Фæсивæд зарыдысты «Додой». Къоста йæ худ систа æмæ сæм аздæхтис: — Фæрнæй схъомыл ут, фæсивæд! Уæ фидæн хуыз- дæр уæд! — Уæ дзыхтыл хæцут! — фехъуысти кæйдæр хъæр. Адæм фæкастысты æмæ æваст сæ цуры, йе ’хсаргар- 101
дыл хæцгæйæ, алæууыд хъæуыхицау. — Цæй «додой» у?!. Мах цин куы кæнæм!.. Фæсивæдæй йæ бынатæй ничи сызмæлыди, ницæ-' мæ йын æрдардтой йæ ныхæстæ æмæ ногæй ныццæлхъ ластой: Цæйут, æфсымæртау, Раттæм нæ къухтæ Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!.. — Фæцæут уæ хæдзæрттæм! — фæтъæнг та кодта хъæуыхицау. Æрра у æмæ исты фыдбылыз скæндзæн. Баиргъæ- вын æй хъæуы, — загъта зæрæдтæй иу.. — Басабыр æй кæнут, — загъта Къоста дæр æмæ схызтис линейкæмæ йе ’мбæлттæм. Фæлæ цалынм’æ хъæуыхицаумæ цыдысты, уæдмæ æваст рауад стыр змæст, фæсивæд ыл сæхи ныццавтой æмæ йæ чи йæ къахæй схуыста, чи йæ тымбыл къухæй надта... — Нæ нын мард уадзы, нæ — цин кæнын! Адæм æрæмбырд сты æмæ тыххæй хъæуыхицауы скъахтой фæсивæды бынæй. Уазджыты линейкæ арасти æмæ та сæ фæдыл за- рын райхъуыст
^рсэеетеяёэеааоаз БЕТЪЫРБУХАГ ХÆЛÆРТТÆ остайы нывгæнæн æрмадзæн Андухъапар ку- сæн дзаумæттæ балхæдта æмæ ацыдис Стъа- раполмæ. Фæлæ та Къостайæн ацы хатт дæр йе ’рмадз бакæныны фæнд нæ фæрæстмæ: йæ фарсæй хъæрзын райдыдта æмæ æвæгæсæгæй хуыссы йæ ног фатеры. 18-æм июлы йæ акъæртт кодтой. Зилынц æм дохтыртæ Соколовский æмæ Зубрилин. «Тæхуды, ныр Лексийæ, Андухъапарæй исчи ам куы фестид! — хъуыды кæны Къоста, йæ низæй тыхс- гæйæ. — Фæлæ Лексийы сæрды куыстытæй кæм æв- дæлы! Андухъапар дæр дард у. Нырма фæсарæны ис. Венæйы Гутеншейны уырыссаг минæварæн дохтырæй кусы. Фæлæ мын мæ зын сахат уæддæр æрæрвыста дæс туманы». - Уалынмæ йæм фæзынд дохтыр Акимов. — Æнкъард ма кæн, Константин Леванович1 Иыр- тæккæ дын дæ хъæдгом райхалдзыстæм, — æмае йæ чумæданæй систа чысыл авджы дзаг цыдæр хос. ш 103
— Тæссаг дзы ницы ис, — сабырæй сдзырдта до^ тыр æмæ райста йæ кусæнгæрзтæ, расыгъдæг кодтй хъæдгом æмæ йæ бабаста. — Хуыссæны мауал дау| Дæхи ирхæфс истæуылты, фылдæр рацу-бацу кæм лæдзджьпы æнцæйтты. ’ Йæ цуры гæххæттытæ æмæ тетрад уыди пырхытæй/ æмæ сæм дохтыр йæ цæстытæ ныццавта: — Уыдон дын цы сты? — Мæхи сыл ирхæфсын. Иæ тетрад ын райста, рафæлдæхта йæ, кæсы. — Ницы сын æмбарын. Иронау сты, æвæццæгæн?' — Иронау. — Хорз у, хи мадæлон æвзаг зонын хъæуы. Фæлæ æгæр бирæ ма фысс, зын дын у. Фылдæр — змæлгæ, хуысгæ — къаддæр. Ныр фæдзæбæх уыдзынæ. Уæддæр Къоста йæхи кæм урæдта! йæ ирон æм- дзæвгæтæ касти æмæ сæ ранæй-рæтты рæстытæ кодта. Уыдон æм ныр фыццагæй бирæ рæсугъддæр кастысты. Лæдзæджы æнцæйтты стъолы цурмæ бацыд æмæ зæр- дæрухсæй Андухъапармæ фыста: «А фæстаг бонты хуыссæны уæвгæйæ, æз зæрдиагæй бакуыстон мæ ирон æмдзæвгæтыл, æмæ мæм сæ иуæй-иутæ, мæхи не ’ста- уын, фæлæ тынг дзæбæх кæсынц. Рауадзын сæ хъæуы мыхуыры æппынфæстаг... Де ’рыздæхтмæ хъуамæ Пя- тигорскмæ ацæуон ваннæтæм. Уæд афтæ сфидар уы- дзынæн, æмæ дæ бон нал бауыдзæн мæн фæнæмын». Фæлæ Къоста ацыди Бетъырбухмæ. Æхсæз азы дæргъы нал федта Андухъапары æмæ бинонтæ тынг бацин кодтой сæ уарзон хæстæг, æхсарджын æмæ номдзыд поэтыл. Къоста уыди хъæлдзæг. Бетъырбухаг уалдзæгæй '104
ради йæ зæрдæ. Æхсызгонæй йæ цæст ахаста æфснайд хæдзары рæсугъд дзаумæттыл. Андухъапар æрцыди фæсарæнæй æмæ бадтис æнцад, даудта йæ фæлмæн, цыбырæлвыд боцъо æмæ хъуыста бæлццонмæ. — Ма хъыг кæн, Къоста, — рæвдаугæ хъæлæсæй загъта уый. — Иуане дæр фæдзæбæх уыдзæн, Хъыз- мыдæ рухсаг уæд. «Цæгат Кавказы» газетыл дæр дæхи хæрыс? Евсеев гадзырахатæй цæуы, уый зонын хъæуы. Дæ уд зынаргъдæр у газетæй... Дæ уырыссаг æмдзæв- гæты чиныг дын райстон æмæ йæ стыр æхсызгонæй кæсын... Æвзæр нæ уыди радзырд «Цуанонтæ» дæр. Журнал «Сывæллæтты кæсынад»-ы редактор Галяков- ский Петр æй куы радта мæнмæ, уæд мæ бауырныдта, æцæг дæм фыссæджы курдиат кæй ис, уый, — Ахъа, гъеныр мæ цы æппæлыс? — Мæ фыдыстæн, Къоста, æцæг дын зæгъын... Сенькæ дæм къæппæввонгæй лæууы. Дæ кадæг «Кæ- мæн ис хъæлдзæг цард» Людоедовы ныппырх кодта. Уыдонæй уæлдай ма исты ныффыстай? Къоста бахудтис: — Ахъа, ирон зарджытæ æмæ æмбисæндтæ,—æмæ йæ куырæты дзыппæй сласта тетрад. — Æз дæм сæ равдисынмæ эерластон. Андухъапар æм хæстæгдæр бабадтис. — Бакæс-ма дзы исты... Къоста рафæлдæхта æмæ кастис «Ныстуан», «Азар!», «Катай»... Бинонтæ йыл æрæмбырд сты, суанг уырыссаг ку- харкæ дæр ма цæлгæнæны дуарæй йæ сæр радардта. Къоста кастис æмдзæвгæтæ сабыргай. «Сидзæргæс» кæсгæйæ, рæстæгæй-рæстæгмæ æрхæндæг кодта, йæ 105
фæтæн хурсыгъд ныхыл хиды æртæхтæ згъордтой. Ан- духъапар стъолмæ банцой кодта æмæ йæ цæстытыл уадысты хæххон мæгуыр царды нывтæ, — Къоста, иттæг рæсугъд сты дæ зарджытæ... ХуУ- мæтæджы адæмон æвзагæй фыст сты æмæ арф хизынц зæрдæмæ. Мыхуыры сæ рауадзын хъæуы, — дзырдта Андухъапар. — Цы пайда сæ ис, Ахъа? — загъта та, хъуыды- гæнгæ, Къоста. — Масты хос сты. Уывгæнæн æрмадз саразын хъæуы Стъараполы, фæлæ цæмæй? — Ууыл ма тыхс, ссардзыстæм. Æрмæст дæ бы- цæу фæсабырдæр кæн... Ам дæ фæллад суадз... — Ахъа,- ды нæ зоныс, цавæр адæмимæ быцæу кæнын, уый. — Лæгуæйгæнджытæ. Уыдонимæ лæгъз æвзагæй дзурæн нæй. «Цæгат Кавказы» газеты очерк «Кæсæгмæ уазæгуаты», зæгъгæ, бакастæ? Газет «Тер- чы ведомосттæ» мах адæммæ фыдцæстæй кæсы. Уый сыл мыхуыр кæны цъыфкалæн æрмæг. Ахæм æбуалгъ хъуыддаг куыд ис ныббарæн! Цавæрдæр схъæл фындз М. И. К. мæгуыр кæсгоныл алывыдтæ фæфыста. Буржуазон журналист Максимов та йе ’статьяйы фыста: «Цас федтон кæсгон Ухомæ хъæддагдзинад, гуымирыдзинад, талынгдзинад!.. Дзæбæх цæсгæй нæм нæ ракаст Ухо йæ хæдзары. Цалынмæ йæ агъуысты уыдыстæм, уæдмæ ныллæг дуары цур лæууыдис æмæ иу дзырд дæр йæ дзыхæй не ’схауди. Стæй куы цыд- тæн, уæд ын æвзист сом радтон. Лæгæн æваст йæ цæсгом фæрухс, æмæ йæ мидбылты бахудти, йæ къух мæм радта «хæрзбон», зæгъгæ. Цы схонæн ис ахæм авторы? — Уый хуырым, æнæхуыцау шовинист нæу?! — фæ- хъæр ласта Къоста. — Цы агуырдта мæгуыр кæсго- 106
нæй, цымæ?! Æнæ ис, æнæ мулк æххормаг кæсгонæй?! Цы хъауджыдæр ис М. И. К.-йæ Кахановæй? — фарс- та Къоста. Фæлæ Дуары хъæр фæцыд æмæ кабинетмæ æрбахызтис саулагъз лæппулæг, чысыл рихитæ æмæ йы’н тъæбæртгæнаг цъынд цæстытæ. — Уый у хæларзæрдæ, сызгъæрин адæймаг, — загъта Андухъапар æмæ ауад йæ размæ. — Балымæн у йемæ, бабæздзæн искуы... Лæг йæ сау тегла худ сауыгъта, йæ китайагхуыз къæсхуыр цæсгомыл худæндзаст фæзынд æмæ райста Къостайы къух. — Æхсызгон мын у, тынг æхсызгон! — сдзырдта уазæг æмæ йæ цæстытæ ахаста Къостайы фæтæнуæхск цухъхъайыл. Æз дæн Потарский. Зонгæ уыдзыстæм. — Уый у мæ пациенттæй, мæнæн мæ тæккæ хæ- лардæр, — загъта Андухъапар æмæ йæ къæлæтджы- ныл æрбадын кодта. Потарский уыдис зындгонд, курдиатджын журна- лист, сатирик, юморист. Йе ’статьятæ æмæ фельетонтæ фатау хызтысты зæрдæйы. Куыд дзурынц, афтæмæй Потарский уагъта йæхи юмористон журнал. йæ иу номыры фыццаг цъарыл ын ныммыхуыр кодта ребус: «Паддзах Микъола æды- лы у», зæгъгæ. Журнал уый тыххæй æхгæд æрцыди. Пъæлицæ йæм куы басидти, æмæ йæ куы фарстой, уæд фырхудтæй йæ цæссыгтæ калдысты. «Æрра, сæрзи- лæджджын цыдæр у, зæгъгæ, загътой æмæ йæ ныу- уагътой...» • Потарский уый фæстæ дæр йæ куыст кодта алы рауагъдадты. Ныр кусы рауагъдад «Стрекоза», зæгъ- гæ, уым. Уый фыссы фельетонтæ æмæ æфхæры пад- дзахы фæсдзæуинты, тыхгæнджыты. 107
— Мæнæн бæстон фæдзырдта Андухъапар, — дзырдта Потарский, — сымахмæ, Кавказы цы уавæры сты адæмтæ, уый тыххæй. Фехъуыстон инæлар Каха- новы æнæуаг фыдмитæ дæр. Дæу та зонын, газеттæ «Цæгат Кавказы» æмæ «Бетъырбухы ведомостты» цы очерктæ æмæ æмдзæвгæтæ мыхуыр кæныс, уыдонмæ гæсгæ... Иттæг дзæбæх фыссыс, мæ зæрдæмæ цæуьтнц... Æхсызгон мын у... — Стæй æвзæр нывгæнæг дæр нæу, — бафтыдта Андухъапар. — Мæнæ йе ’мдзæвгæты чиныг, 1895 азы Стъараполы рауагъд, уырыссаг æвзагыл. Ныр та йемæ æрласта иронау ноджы тыхджындæр фыст зарджытæ. Дæ размæ сæ кастыстæм. Потарский уырыссаг æвзагыл фыст уацмысты чи- ныгмæ æркастис, стæй тагъдгомау хъæлдзæгæй сдзырдта: — Мах стæм, Константин Леванович, иу зондыл хæст, кæрæдзййы æвзаг бамбардзыстæм. — Æз дзы куырдтон, æрæмбырд кæн дæ ирон æм- бисæндтæ, кадджытæ, зарджытæ æмæ сæ хицæн чины- гæй рауадзын хъæуы,—загъта Андухъапар. — Æнæмæнг, — йемæ сразы Потарский дæр. ^ — Уый уыдзæн æхсæрфарсы ныццæфы хуызæн. Дыккаг ныццæф та... — йæ ныхас фæсабыр кæнгæйæ, загъта Потарский, — карикатурæ куы раттæм Кахано- выл «Стрекоза»-йы, уæд уый уыдзæн. Æрмæст, Анду- хъапар, ссарын хъæуы инæларæн йæ ныв. Къоста йæм лæмбынæг хъуыста æмæ йын, цыма йæхи хъуыдытæ дзырдта, уыйау æм кастис æмæ йæ цæсгом ныррухс. Къоста йын, рагон зонгæйы хуызæн, йæ хабæрттæ кодта... 108
— Уæ облæсты хицауы ма мæ бар бауадзут, — загъта Потарский æмæ æфсымæрау райста Къостайы къух. МАРИНСКЫ РЫНЧЫНДОНЫ 1 Мит уарыд æмæ Бетъырбухы хæдзæрттæ зындысты урс къæдзæхтау. Дыууæ бæхы тъæбæртт кодтой фаэ- тоны ифтыгъдæй... Цæлхытæ-иу арф кæм аныгъуыл- дысты, уым-иу сæ тулын фæсабырдæр. 'Бонæй бирæ нал уыди. Рæстæгæй-рæстæгмæ Къоста хъæрзыдта фаэтоны. — Ма тæрс,—рæвдыдта йæ Андухъапар.—Æз дын хорз дохтыртæ ссардтон, Стъараполы дын ахæмтæ нæ уыд æмæ операци нывыл нæ байгаси... — Ахъа, ницуал... Мæ фæндтæ фæдзæгъæл сты: мæ нывгæнæн æрмадзæй ницы рауади, — дзырдта Къоста. — Уый дæр дын нæ аирвæздзæн. Æрмæст сдзæбæх у æмæ дæ «Ирон фæндыр» бахъахъхъæн. Уалынмæ рынчындонмæ æрх^ццæ сты. Андухъапар рахызтис фаэтонæй æмæ дзæнгæрæгыл бахæцыд. Цал-» дæр сылгоймадниы рауадысты урс халатты. Къостайы райстой æмæ се ’нцæйтты къуылыхæй бацыди мидæ- мæ. Къæридоры рухсмæ зындысты рæсугъд æфснайд уæттæ, ныллæг сынтæджытæ. Рынчынтæй чи хуысгæ кодта, чи бадгæ. Кæройнаг уаты уыдис æрмæст цып- пар сынтæджы, хуыссыдысты дзы дыууæ æфсæддоны. Æртыккаджы иу сылгоймаг Къостайæн сынтæг адзæ- ’бæхтæ кодта. Андухъапар бацыди иу лæгимæ, йæ тым- 109
был цæсгомыл кæсæнцæстыты бынæй’худтысты йе ’стыр сгу цæстытæ æмæ тагъд-тагъдæй дзырдта. Къоста йæм йæ иу фарсыл хуысгæйæ бакастис æмæ фыццаг фен- дæй йæ хионы æнувыд архайдæй йæ зæрдæмæ фæцыд. — Къоста, базонгæ у мæ хуыздæр хæлар хирург Потоцкиимæ. Кæддæр иу факультеты ахуыр кодтам æмæ иу цæхх—кæрдзын хордтам. Уый дæ къæртт кæн- дзæн. Потоцкий ’райста Къостайы къух. Стæй йæ æрыс- гæрста æмæ йын йæ дæлармы тæвдбарæн авæрдта. — Хъыг ма кæн. Ам сыгъдæг у, райдзаст, — æмæ хирург къуымтыл афæлгæсыд. Къостайы сынтæг уыди стыр рудзгуыты бын, йæ цуры — чысыл стъол. — Истытæ куы кæсин: газет, чиныг,—лæмæгъ æмæ фæсусгомау хъæлæсæй сдзырдта Къоста. — Кæсæн дын нæй! — цæхгæр загъта хирург. — Куы фæфидар уай, уæд та-иу кæс... — Тæвд кæныс, — термометырмæ æркаст По- тоцкий. — Стъараполы дохтыртæ йын ницы бафæрæзтой йæ низæн, — йæ ныхас баппæрста Андухъапар; — Мах ын иу операци ныр скæндзыстæм, иннæ — фæстæдæр æмæ уæд гбæрæг уыдзæн, — дзуапп радта хирург. Къоста хъæрзыдта йæ сины хъæдгомæй æмæ дзырдта: — Нæ зонын, Ахъа, фервæзон ма ацы низæй?! — Дæхи дзæгъæлы тæрсын кæныс. Оптимист куы дæ, уæд дæм пессимистон хъуыдытæ кæцæй цæуынц?! Æз дæ алы бон дæр бæрæг дардзынæн. Иунæг нæ уыдзынæ, — дзырдта Андухъапар æмæ ахъæбыскодта поэтæн. 110
2 Къостайыл операцийы агъоммæ низ стыхджын. Алы сагъæстæ йæ цух нæ уагътой, мысыди йæ рай- гуырæн бæстæ. Чысыл стъолы лагъзы цы гæххæттытæ уыди, уыдонæй систа æмæ дзы иуы цъарыл ныффыста сæргонд: «Операцийы размæ...» Стæй æрхуыссыди æмæ схъæр- зыдта. йæ бакомкоммæ цы рынчын хуыссыди, уый йæ сæрыл схæцыди æмæ йæм бадзырдта: — Дæхи ма риссын кæн. Ма фысс. — Хъуыдытæ мæ нæ уадзынц, ме ’фсымæры хай,— дзуапп ын радта, йæ хуыссæны та рабадт æмæ фыста. Æмдзæвгæйы бын бафыста: 1897 азы 24 ноябрь. Йæ алыфарсмæ акасти æмæ дыууæ рынчын æфсæддо- нæн загъта: — Ма тæрсут! Æнæ адзалæй мæлæт нæй... — цы- дæр ма дзурынмæ хъавыд, фæлæ йæм медицинон хо термометр бадардта. — Тæвдæй мын бæргæ ницы у, мæ хур, — загъта йын Къоста æмæ йæм йæ мидбылты бахудти. — Фысгæ ма кæн æмæ дæ тæвд къаддæр уа, — сбустæ йыл кодта чызг, æмæ стъолыл цы æмдзæвгæ уыдис, уымæ ныккаст. — Мæ зæрдæйæн æнцондæр у фысгæйæ, мæ хо. — Æвæццæгæн, мысыс дæ Ирыстон? ’— Раст у, мæ бон. Уым мын иу хæлар уыд æмæ мæ зæрдыл æрлæууыди. — Уарзон чызг? — Нæ йæ базыдтай. Ахæм дæр дзы ис. Фæлæ ныр- ш
тæккæ мæ хъуыды æндæрыл у. Æз мæ зынаргъ æмга-- рыл сагъæстæ кæнын. — Чи у, уый базонæн нæй? — бафарста чызг. — Шумаф, — ныуулæфгæйæ загъта Къоста. Цы хæринаг æрбахастой, уый аиуварс кодта, гæх-, хæтт райста æмæ йе ’мбал Шумаф Тутаюкы мардыл æмдзæвгæ фыста. Рынчынтæмкæсæг чызг фæджих, стæй ацыд æмæ та уайтагъд Къостамæ фæзынди хи- рург Николай Павлович Потоцкий. — Господин Хетагуров, хивæнд разындтæ, — сдзырдта дохтыр, Къостайы ’разæй систа æмдзæвгæтæ æмæ сæм æркастис. — Мæхи ирхæфсын, господин дохтыр! — Уый хорз у, фæлæ мах закъон дæр æххæст кæнын хъæуы. Æвзæр нæ фыссыс. Фæлæ афтид гол- лаг хъен нæ лæууы,—ацамыдта йын æхсæвæрмæ æмæ бацыди иннæ рынчынтæм. Къоста йæхи æрнорста, тыхсти фыццаг операцийы фæстæ... Аивгъуыдтой тъæнджымæйы хъызт бонтæ. Хуры цæст æм стæм хатт кастис рудзынгæй. Уазал, æнтъыс- нæг рæстæгæй йæ зæрдæ нæ рухс кодта. Кæд-иу æм йæ хæлæрттæй исчи фæзынд, уæд-иу фæхъæлдзæгдæр. Фæссихор æм бацыдысты хирург Потоцкий, Андухъа- пар æмæ цалдæр сылгоймаджы урс халатты. Къоста уыд фæлмæстхуыз, йæ тарбын уадултæ сау хъуын- джын систы æмæ æнкъардæй кастис йæ дзæбæхгæн- джытæм. — Фидар лæуу, кавказаг уæйыг! — загъта Потоц- кий. — Абон дæ низ фæсабыр уыдзæн. 112
Къостайæн зын бамбарæн нæ уыд, й& операцийы афон кæй æрцыд, уый, уымæн æмæ йæ сынтаеджы цур аерл&ууыдысты рынчынхæссæнимæ. Уым æй сæвæрд- той æмæ йæ къæртгæнæн стъолмæ рахастой. ’ ...йæ операцийы хъуыддаг хорз ацыди, фæлæ йын тынг рысти æмæ дохтыртæ йæ уæлхъус лæууыдысты, зæрдиагæй йæм зылдысты. Кæд уазал уыди, уæддæр фæхуртæ кодта æмæ ахæм бон Къостайæн йе ’уæнгтæ цыма фæрæуæгдæр сты, уый хуызæн æм касти... Иу изæр дуары хъæр фæ- цыд. Мидæмæ бахызтысты сауджын Додти æмæ Анду- хъапар. — Додти? Кæм æй ссардтай, Андухъапар? ■— сцин кодта Къоста. — Дысон æрцыди Дзæуджыхъæуæй, — загъта Ан- духъапар. — Æнæниз су! Нал дæ ныууадза?.. — гуылæвзаг- гомауæй сдзырдта сауджын дæр æмæ Къостайы ны- хæн аба кодта. — Нæхирдыгæй цы хабæрттæ ис? — афарста йæ хæлары. — Дæу, æвæццæгæн, фæнды Цæлыккаты Аннæйы лымæн Дзахсораты Дзамболаты рынчыны хабар ба- зонын? Къоста фæкъæрцхъус ис: — Куыд у, дæ фыдыстæн? — Дæхи ма риссын кæн, фæлæ мын Дзæуджыхъæ- уы радзырдтой йæ фæзианы хабар. — Фæзиан! — арф ныуулæфыд Къоста æмæ йæ цæстыл ауад сау дарæсы мидæг Аннæйы рæсупьд хуыз. «Тæхуды, ныр дæ куы басабыр кæнин, ныфсытæ дын куы бавæрин, куы дæ барæвдауин», — йæхинымæ- 8 Нæ зарæггæнæг 113
ры сдзырдта Къоста, стæй хъыгзæрдæйæ загъта: — Æвгъау лæппу уыди... — Кисловодск дæр ын нал феххуыс ис, — дзырдта Додти. — Иæ хæстæджытæ йæм æрцыдысты æмæ йæ .Дзæуджыхъæумæ сластой. Къостайы маст фæтыхджындæр ис ноджы, Æры- доны семинары ахуыргæнæг Кæсæбийы-фыртæй цы писмо райста, уымæй. Фыссы йæм, Хораны-фырт æй куыд æфхæры, уый тыххæй. Къоста, дам, Баталпа- шинскы администрацийы змæнты Лабæйы цæрджыты .ныхмæ. Цæуы, дам, Æрыдонмæ æмæ иннæ хъæутæм дæр æмæ сæ ардауы инæлар Кахановыл. Æз, дам, æй ■Сыбыры бинаг къæйыл балæууын кæндзынæн. Додти бамбæрста Къостайы æмæ загъта: — Уый дæ масты аккаг нæу! Кæсæбийы-фырт ыл прокурормæ балæвæрдта... Каханов уый куы базыдта, уæд Дзæуджыхъæуы епископмæ ныффыста... Къоста къорд минуты ницуал сдзырдта. Стæй дын æрæджиау афтæ: — Уыцы гуымыдза булкъонæн æз фенын кæндзы- нæн! — æмæ гæххæттыл ныффыста: «Æхсины лæг»'. Бигъуылаты Додти сыстад æмæ Къостайæн .«хæрзбон» загъта. — Бафæрс-иу мын æппæт лымæнты æмæ æрва- дæлты дæр. Кæд фæдзæбæх уон, уæд Андухъапаримæ сæрды ссæудзыстæм Дзæуджыхъæумæ. -.*'-• 3 Бетъырбухмæ уалдзæг æрхæццæ ис. Миттæ тады- :сты. Æрмæст ма Невайы былтыл мигътæ бадтысты ’æмæ уæлдæф уымæл кодтой. Рынчынтæ уæддæр æм- рæрстой уалдзæджы уддзæф æмæ сæ зæрдæ хъæл- 114
дзæгдæр кодта. Къостамæ йæ рагон хæлар Городецкий æрбацыд. .... — Фарон дæр ма дзæбæх куы уыдтæ, уæд дыл цы сæмбæлд, Константин Леванович? — бафарста уый æмæ йæ цуры æрбадти. Къостайы стъолыл гæххæттытæ фыццагау пырхы- тæй лæууыдысты, сæ иутыл сыгъдæг фыст рæнхъытæ, иннæтæ хъулæттæй зындысты. Къостайы ахаст хорз нæ фæкасти Городецкимæ: мæллæг, æфхæрдхуыз. Фæстаг бонты йæм йæ зонгæтæй ничиуал зынди æмæ хъыг кодта, рæстæгæй-рæстæгмæ йæ низы рыст айрохæн фыста... Ныр æм Городецкий куы бацыд, уæд æй дзу- рын дæр нал бауагъта æмæ йын фырцинæй кæсын райдыдта йæ ног æмдзæвгæтæ. Куы фæци каст, уæд æй бафарста Къоста: — Кæй кой дзы ис? — Леляйы! — загъта Городецкий. Къоста тыххæй рабадти йæ хуыссæны, йе ’нæхъару къухтæй фæхæцыд Городецкийыл æмæ йын аба кодта. — Афтæ фæуæд! — загъта Къоста æмæ йæ фарста алы хабæрттæй, литературæйы тыххæй, Леляйæ, Коно- новайæ. Городецкийы къухты «Ног дзырд», зæгъгæ, цы чиныг уыди, уый райста, фæкасти йæм, стæй йæ ра- фæлдæхта æмæ дзы ауыдта Максим Горькийы ра- дзырд «Коновалов». — Бакæс-ма мын дзы, дæ хорзæхæй, — ракуырдта Къоста Городецкийæ, æмæ йæм лæмбынæг хъуыста. — Фылдæр дæ зæрдæмæ цы цæуы Горькийæ? Ца- вæр ног миниуджытæ ис йе ’сфæлдыстады? — Мæнмæ гæсгæ, стыр курдиатджын у. Уый тых- хæй æмæ хорз уыны цард æмæ йæ дæсны æвдисы, йæ нывтæ кæсæджы зæрдæмæ -арф куыд хъарой, афтæ. Л)5
г-’ Раст зæгъыс, — сразы Къоста. — Дуджы -цы хъуыддæгтæ цæуы, уыдонæн сæ лыстæджытыл нæ зн- лы, фæлæ сьш райсы сæ сæйрагдæртæ, сæ -ахъаззаг- дæртæ. Дыууæ лымæныл ахсджиаг ныхас бацайдагъ. Го- родецкий цæуынмæ хъавыд. — Абад-ма. Мæнæн дзурынæй ницы у. Науæд иу- нæгæй тынгдæр тыхсын, — загъта Къоста. — Ам уыдис Дзæуджыхъæуæй сауджын Бигъуылаты Додти. Дæ заёрдыл ма лæууы, нæ рæстæджы уый дæр ам ахуыр кодта. — Зонын æй, — дзуапп радта Городецкий. — Цы хабæрттæ ис, зæгъы, уæхимæ? Къоста арф ныуулæфыд æмæ йын радзырдта Ка- ханов æмæ Хоранты Созырыхъойы митæ. Иуцъусдуг хъусæй алæууыд, стæй та загъта: у — Æз мæлæтæй нæ тæрсын. Городецкий фестъæлфыд уыцы ныхасæй, сыстад æмæ поэты къух райста: — Нырма мæлынæн раджы у. — Æрбайхъус-ма,—загъта Къоста æмæ райдыдта: Нæ тæрсын æз мæлæтæй... Талынг уазал ингæн Иæ удæмбæхсæн къуыммæ рагæй ласы мæн, Фæлæ мæ цард æвæрын, цалынмæ мæ уæнгты Тыхы мур баззайа мæ райгуырæн бæстæн*. Къоста йæ ныхыл йæ къух авæрдта, йæ цæстытæ атартæ сты... Æваст æм фæзынд дохтыр Потоцкий. — Цытæ кæныс?! Ма фысс, зæгъгæ, дын нæ загъ- тон?!. Нырма лæмæгъ дæ. * Уырыссаг æвзагæй Гулуты А. тæлмац. 116
— Æз дæр ын бæргæ дзырдтон, дохтыр, — стæй хатыр ракуырдта, йæ сæрæй .акуывта æмæ . аныди. :•....•■ 4 Бон фæхъармдæр. Невайы доны былтæ, Бетъырбу- хы уцнгтæ сæрттывтой июны мæй. Къоста рацыди рынчындонæй. Стыр уаты диваныл йæхи æруагъта æмæ уæззау улæфыд. Йæ хæмпус дыууæ рихийы йæ цыргъ роцъойыл’ æрзæбул сты, йæ цæстытæ бæзджын æрфгуыты бынæй æрттывтой æмæ зынгæ къуыпп дардтой æддæмæ. Йæ фæтæн лæгъз ныхыл сау къæ- бæлдзыг сæрыхъуынтæ тæмæнтæ калдтой. Андухъа- пар йæ кабинеты архайдта пациентимæ æмæ.дзырдта: — Хæрын дæ хуыздæр хъæуы фæстинонæй. Смæл- лæг дæ. Дæхимæ куы фæкæсай, уæд Кавказмæ ацæу- дзыстæм. — Кæд ма æз нæ хæрын, — загьта æмæ бакасти, йæ цуры цы къахетаг сæны æвгт.æ уыд, уыдонмæ. — Ныр ма Ляйы суарæй, кæнæ Хасй^ы суарæй баназ. Ацы фæндагыл мæнæн нæ бантысдзæни бацæ- уын. Мæ «Ирон фæндыр» ныммыхуыр кæныны куыст хъæуы. Сенькæ æмæ иннæ знæгтæ цæлхдуртæ æвæр- дзысты, — дзырдта Къоста. — Уый дын зæгъинаг уыдтæн, Къоста! — фæцырд Андухъапар. — Потарский айста Ках^новы къам. Æз æнхъæлдтон, ферох æй ис карикатурæ саразын. Уæд иу изæр кæсын æмæ мæм «Стрекоза»-йы кусæг æрба- лæвæрдта йæ гæххæтт: «Ныв цæттæ у, цы йын ныф- фыссæм йæ быны?» Æз ын дзуапп радтон: «Æз æй федтон, ныффыссут дзы, хуыздæр уæм куыд кæсы, афтæ». 117
— Нæ фæсайдзæн, Ахъа? — Ахæм нæу, Кьоста. — Уæдæ Сенькæ-Людоедовæн æз цæттæ кæнын æндæр бæрзæйсæттæн цæф, «Бетъырбухы ведомостты». Æрмæст æй йæ редактор Ухтомский ныммыхуыр кæ- нæд. Æхсины лæгæн дæр... — Афтæ та кæй хоныс? — Хораны-фырты хуызæтты. — Æхсины лæг æй хоныс? Къоста бахудтис æмæ йæ дзыппæй, цы æмдзæвгæ фыста рынчындоны, уый фелвæста: — Мæнæ ис, байхъус, æз æй цы хонын, уымæ. ; Андухъапар йæ пациенты ауагъта, дуар ахгæдта, Къостамæ .бацыд æмæ йæ разы æрбадти. — Хъус, къорд рæнхъы дын дзы бакæсон: Æстур дæр ма йæхи рæгъау Нæ нымайы кæйдæр хъомыл... Æхсины лæг, фыдызнагау, Арт бандзары йæхионыл... Андухъапар ныххудти: .— Ахæм сатирæ дæм никуыма федтон, хуынчъытæ кæны! Уый куы бакæса Созырыхъо, уæд йæ зæрдæ аскъуындзæн. Фæу йæ фыст æмæ йын дзы зæрдыл- дарынæн арвитæм;
эсгасэ5шзе5*ёэ€а*шбй «ЦÆЙУТ, ÆФСЫМÆРТАУ!..» æуджыхъæуы стыр уынджы фаэтонтæ згъорд- той вагзалырдæм æмæ уырдыгæй ластой бæлц- цæтты. «Казбек» æмæ «Эльбрусы» ресторан- тæй зæлыди зарын, фæндыры цагъд. Ахуыргæнджытæ- делегæттæ тындзыдтой облæстон съездмæ, Епархиалон скъоламæ. Уыдон фехъуыстой, Хетæгкаты Къоста ссæуы, зæгъгæ. Адæм æй рагæй нал федтой æмæ алчидæр бæллыдис йæ фендмæ... Рауагъдад «Иры» дуармæ æрæмбырд иу къорд адæймаджы æмæ сæ цæстæнгас вагзалмæ цæуджытæм сарæзтой... Æрæджиау иу фаэтон проспекты тигъыл æрлæу- уыди. Æддæмæ дзы ничи зынди. Уæд Дзанайты Са- дуллæ æмæ Байаты Гаппо бауадысты йæ цурмæ. Цал- д&р минуты фæстæ фаэтон проспекты дæлæмæ аскъæрдта. Садуллæ æмæ Гаппо се ’мбæлттæм баз- дæхтысты: — Фæнды уæ инкогнитойы ’фенын? — загъта Гап- 1 119
по. — Фæцæуы Андухъапаримæ Садуллæтæм. Æвæц- цæгæн, ахсæв ам уыдзæн... Истæмæй йæ сбуц кæнын хъæуы. — Куывд ын скæнæм, — загьта Къубалты Алык- сандр. — Мæнмæ йын фысым... Куыд дæм кæсы, Данел?— Гаппо бафарста Гæздæны-фырты. — Пъæлицæйæ кæд тас нæу, уæд... — Нæ! — загъта ахуыргæнæг Тыбылы-фырт. — Проспекты, пъæлицæйы фындзы бын? Каханов смудаг куыдзæй уæлдай нæу. Хъæд—хæстæг. Сапицкæйы буд- кæмæ, зазтæ æмæ нæзыты бынмæ, нæхи айсæм! Уым нæ хæйрæг дæр не ’ссардзæн. — Уый хорз фæнд у, — сразы сты лекъаг Далгат æмæ Дзасохты Гиго. — Мах Æрыдонæй, ахуыргæн- джыты съездæй, Къостайы тыххæй ссыдыстæм ардæм. Ие ’ссыд нын фехъусын кодтой Цоколаты Гацыр æмæ Колыты Микъала, — загьта Гиго. — Цæуæм уæдæ хъæдмæ, — сдзырдта Цæголы- фырт æмæÆмбалты Цоцкойы къухыл хæцгæйæ арасти. Иннæтæ дæр сæ фæстæ ныххал сты. Сæ фæндаг дард- той Садуллæйы хæдзармæ. «— Цымæ ногæй исты ныффыста? — фарста Алык- сандр Гаппойы. — Иæ ныхасмæ гæсгæ, ницы. Фæцис лæг...—дзуапп радта Гаппо. — Фысгæ ницыуал ныккæндзæн. Кæй ныффыста, уыдон куы нæ фесæфиккой... Æз сын тæр- сын басудзынæй. — Уый та куыд? — фæдис кодта Цæголты Георгий. — Бирæ хъæуы поэтæн? Йæ цæхæр фæмынæг, фæ- лæ ма йæ зонд йæхимæ ис... Æз ын истон йæ фыстытæ 120
æмæ сæ нæ дæтты... Мыхуыры сæ рауагътаин,—дзырд- та Гаппо. — Æмæ дын сæ цæмæн радта? йæхæдæг сæ ра- уадздзæн, — загъта Къубалты Алыксандр. — Æмæ уæд ныронг кæм уыди? — фестьæлфыд Гаппо. — Стæй сын нарон дзырдтимæ уадзæн ис?.. — Къостайы æвзаг нарон у, цы у, уæддæр рæ- сугъд у. Адæмы зæрдæмæ цæуы. — Ныхдур лæвæрдта Къубалы-фырт. Фынджы уæлхъус рабадтысты хистæргай. Къос- тайы сбадын кодтой чъирикувæг Алыгкагы Тегойы фарсмæ. Уыди æнкъард. Фæлладхуыз. Хæргæ æмæ нуазгæ дæр кодта зивæггæнгæ. Фыццаджы хуызæн нæ хаста æмбисæндтæ, нæ уагъта гаджидæуттæ. Тего райста бæгæныйы къус, сыстад. Сыстадысты иннæтæ. дæр. — Къостайы цæрæнбон! — загъта хистæр хъæрæй æмæ адæм фæсабыр сты. — Кæд нæ хæхтæ искæйы хæхтæй ныллæгдæр сты, кæд нæ быдыр мæгуырдæр у, уæд мах дæр иннæтæй уыдзыстæм цауддæр? Ма æн- къард кæн, Къоста. Цæмæй нын тæрсыс? Кæнæ искуы дæ уарзон а’дæмæй рох уыдтæ? Низ дæ бахъыгдардта, æмæ ууыл не ’ппæты зæрдæтæ дæр риссынц... Сдзæбæх уыдзынæ. Хистæры ныхæстæ зæрдæйы хызтысты. Къоста æн- цад сæргуыбырæй хъуыста, стæй загъта: — Тего, бузныг дæ гаджидауæй. Бузныг уазджы- тæй, мæн чи сбуц кодта. Бузныг, уæ дзæбæх ныхæстæй, 121
мæ ног фыстытæ фенын уæ кæй фæнды, уый тыххæй, фæлæ... зын мын у Тего, Ир ныр дæр ма мæнмæ æн- хъæлмæ кæйкæсынц, кæй нæй ныр дæр ма сæ астæу ныфрджын адæймаг, куы хъуыдис, уæд мæ сæрыл дæр чи сдзырдтаид, ахæм адæймаг, сæрибар цардмæ сидæг... Цыдæртæ ма зæгъын фæндыд Къостайы, фæлæ сæрхæндæг, стæй ма йæ ныхæстыл бафтыдта: — Фидар л<æууын хъæуы. Нæ фидæн хуыздæр уы- дзæн... — Бузныг, Къоста!.. Дæу руаджы! Нæ фæсивæды руаджы!.. Дæхи ма риссын кæн. Мæнæ ацы адæм дæ- уыл цин кæнынц. Æгайтма дæ федтам... — загъта Тего æмæ йæ цæст ахаста иннæтыл. Адоны се ’ппæты дæр фæнды, семæ дзæбæх куы абадис ахæм рæсугъд бон. — Дард ран нæ... Мæнæ ам искуы хибар ран, Са- пицкæйы будкæйы цур, — лæгъстæгæнæгау сдзырдта Къубалты Алыксандр. — Амæй хуыздæр бадт ма цы вæййы! — загъта Андухъапар æмæ, йæ тымбыл сау зачъетæ асæрфгæйæ, бакастис Къостамæ. Къоста цæуылдæр æнцад хъуыды кодта. Рæстæ- тæй-рæстæгмæ-иу дуары хъæрмæ фæкастис. Адæм иугай-дыгай цыдысты хæдзармæ, Къостайы уынынмæ. Æрæджиау мидæмæ бахызтысты Гæздæнты Данел æмæ сылгоймæгты скъолайы ахуыргæнджытæ Цоко- латы Гацыр æмæ Колыты Микъала дæр. — Цæттæ стæм, — загъта Данел, — цæуæн ис хъæдмæ. Кусарт акодтон. — Мах та иу лалым сæн сластам, — загъта Колы- т,ы Микъала. Стæй Къостамæ хæстæг балæууыд æмæ йыл цинтæ байдыдтой. Уыдон дзырдтой, приюты сæх- 122
гæнджыты ныхмæ сæ тохы тыххæй, æмæ сæ, Къостайы ахасты фæстæ Каханов ахæстоны куыд фæбадын код- та, уый тыххæй. — Æмæ инæларæн хорз куы фæци Потарскæйы газет «Стрекоза»!. — Гъо, карйкатурæ! — загьта ахуыргæнæг Цоко- лайы-фырт. — Фæхудын нæ кодта карикатурæ, — йæ ныхасмæ йын бафтыдта Колыйы-фырт дæр. — Уый бынтон амардта Кахановы. — Уый Андухъапары æмæ мæ хæлар Потарскæйы гæрах уыдис, — фæсивæды ныхæстæм фæхъæлдзæг- дæр, афтæмæй загъта Къоста æмæ хистæрты фæдыл сыстадис фынгæй. Адæм цæуын байдыдтой Садуллæтæй Сапицкæйы . будкæмæ. » — Бирæ дзыллæ аивгъуыдта хъæдмæ ахуыргæн- джыты съездæй дæр, — Къостайы фæстæ араст уæв- гæйæ, дзырдта Колыйы-фырт. Къоста цыдис зына-нæзына къуылых, лæдзæджы æнцæйтты, цымыдисæй кастис фæйнæрдæм. Уыд ыл уырыссаг костюм чесуча хъуымацæй. Иæ фарсмæ цы- дысты Андухъапар æмæ ахуыр^æнæг Тыбылты Саввæ, дардæй, бæлæсты бынæй разындысты къорд адæйма- джы. Сæ иутæ кæрдæгыл бадтысты, иннæтæ — арты фарсмæ цуайнаджы дзидзатимæ архайдтой. Фæсвæд- гомау, пыхсыты бын, линейкæйы фарсмæ та уыдысты Цæголты Георги æмæ Гæздæнты Данел^. — Æрбацæуы Къоста! — сцин кодтой уыдон. Иу- уылдæр сыстадысты æмæ нымдзаст сты фæндагмæ, стæй цыдысты къордгæйттæй йæ размæ. Чи йæм куыд хæстæгдæр кодта, афтæ йын иста йæ къух. Къоста 123
се ’ппæты нæ зыдта — сæ фылдæр уыдысты алы хъæу- тæй уазджытæ: дагъистайнаг æвдакат Далгат Башир,. ныллæггомау, къæсхуыр кæсгон лæппу Албануков, æмæ ахуыргæнджыты съездæй бирæтæ. Сæ уæле сбад- тысты ацæргæдæртæ: Кочынаты Сабан, Уртаты Габо- ла, Гуыриаты Хаджумар, Боциты Георги, Дзгойты Ципурка... Хистæр Алыгкаты Тего расидтис Къостайы цæрæн- боны тыххæй. Уый фæстæ ныхас бацайдагъ поэты зар-' джыты тыххæй, æмæ йыл Куырттаты комы адæм цы зарæг сарæзтой, уый тыххæй. — Зарæг ахæлиу Ирыстоны æппæт хæхтыл æмæ быдыртыл, — загьта Цоцко. — Базарæм «Додой»! — фæхъæр кодта чидæр. Адæм фæхъус сты... Уалынмæ Æмбалты Цоцко сыстад, хистæрты -чъылдыммæ бацыд æмæ ныццæлхъ ласта «Додой». Лæппуйы рæсугъд хъæлæс уылæнтæ- гæнгæ хъæды азæлдис, хуры рухсмæ бæлæсты сыф- тæртæ, хъырнæгау кодтой, зарæджы уынгæг мыртæ адæймаджы зæрдæтæ арф агайдтой. Къосгайы уадул- тыл ферттывтой иугай цæссыгтæ. — Æгъгъæд у! — сдзырдта кæстæрты æхсæнæй Кьостайы лабæйаг сыхаг Дзасохты Гиго. — Акæ нын, Куырттаты комы Къостайыл цы зарæг сарæзтой, уый. Цоцко схуыфыд, йæ хидæйдзаг цæсгом къухмæрзæ- нæй асæрфта æмæ та базарыд. Фæсивæд ын сабырæй хъырныдтой. Зарын банцад. —Сæ цæрæнбон бирæ уæд уыцы зарæг сараз- джытæн! — Куырттаты комы зарæг куыд скодтой, уый тых- хæй ма нын радзурут, — куырдтой хистæртæ. ’ — Æз дзы цы зонын, уый зæгъдзынæн, — фæцырди 124
Садуллæ. — Мæнмæ æрбацыдысты сæ хуыз исынмæ мæнæ ацы цыппар лæджы, — æмæ йæ чысыл асыккæй къам систа. —Адон уыдысты Токаты Бига, Ногъаты Тебо, Царахаты Хъайтыхъо æмæ Дзиуаты Гæвди. — Мах сфæнд кодтам Хетæгкаты Къостайыл кады зарæг скæнын,—загъта Царахы-фырт,—æмæ Ногъаты Тебойы дæр йе ’скърипкæимæ рахуыдтам... - Уыдон ацыдысты Тменыхъæумæ. ’ Адæм хъуыддаг куы базыдтой, уæд æрæмбырд сты Царахатæм. Уым сын кусарт акодтой æмæ, куывды бадгæйæ, алчи хъуы- ды байдыдта зарæгыл. Исчи дзы-иу куы базарыд, уæд- иу æй Тебо хъисын фæндырæй ацагъта. Афтæмæй за- рæджы мотив гуырыд... Токаты Бига иттæг дæсны уыди зарынмæ. Тмены- хъæуы фæсивæд зарæг сахуыр кодтой. Иу къорд боны фæстæ цыппар зарæггæнæджы ацыдысты Быдыры Хъахъхъæдурмæ, Иластæм. — Гъе, уæ рынтæ уын бахæрон, уыцы хорз хъуыд- даг чи æрхъуыды кодта? Уæ цæрæнбон мын бирæ уа! — цин кодта урсзачъе Илас æмæ адæмы æрхуыдта. Дзыллæ хæдзары нæ, фæлæ кæрты дæр нал цыдысты. Зарæггæнджытæн уынгты сæ размæ уадысты хъæуы цæрджытæ æмæ сын хъырныдтой. Хъахъхъæдурæй лæппутæ ацыдысты Æрыдонмæ. Уым Хоранты Созы- рыхъойы хъустыл æрцыд зарæггæнджыты кой. Фæси- вæд тарстысты исты бæллæх æрцæуынæй æмæ сæхи айстой Пысылмонхъæумæ Хъайттаты Тæтæрхъанмæ. Уырдыгæй та рараст сты Салыгæрдæнмæ. — Пъырыстыф Хъараты Додти уæ æрцахсдзæн, — загъта лæппутæн иу хъомгæс æмæ уæд аздæхтысты Бирæгъзæнгмæ, Гæбутæм. Уырдыгæй та Уыналмæ. Уырдæм куы бахæццæ сты, уæд Цæлыккатæй Бимбо- 125
.лат, зæгъгæ, иу дзонгой фæхабар кодта пъырыстыф Хъараты Додтимæ Салыгæрдæнмæ. Стражниктæ Мы- зуры æрцахстой зарæггæнджыты æмæ сæ æхсæвы ахæстоны бакодтой. Райсомæй сæ итаппæй ракодтой Салыгæрдæнмæ. — Цы кæнут, цы уыл æрцыдис? Цы хъарджытæ кæнут?.— райдыдта пъырыстыф Додти. — Дзæгъæлы сафут уæ рæстæг æмæ адæмы дæр сдыууæрдæм кодтат. Къостайы тыххæй?.. Цы у Къоста? Цæмæй фесгуых- тис?—фæрстытæ кодта пъырыстыф. Фæстагмæ загъта: ныффыссут гæххæтт, абонæй фæстæмæ уыцы æнæ- хъуаджы зарæг кæнын кæй ныууадздзыстут, уый тых- хæй. Æмæ радтой ахæм гæххæтт цыппарæй. Фæлæ ма хъæуты адæмы чи бауромдзæн! — йæ ныхасы кæрон загъта Садуллæ. — Хохæй дур тулын куы байдайа, уæд тулдзæн, цалынмæ йæ ныллæууæн бынат ссара, уæдмæ. Къостайы кады зарæгæн та хъуамæ къуырццæвæн ма уа; хъуамæ уый цæра æмæ цæра, зона йæ алчидæр. — Æнæмæнг! Къоста цæры не ’хсæн æмæ цæр- дзæн! — сдзырдта куывды адæмы æхсæнæй Садуллæ- йы ныхæстæм байхъусгæйæ, Цæголты Георги. — Уымæн йæ зарæг дардмæ хъуысы, къæдзæхтæ дæр дзы ризынц! — загъта кæстæрты æхсæнæй Дза- сохты Гиго. — Мах не ’ппæты дæр фæнды, Къоста ма ноджы бирæ зарджытæ куы ныффыссид, уый. Иæ «Ирон фæн- дыр» та хъуамæ радта мыхуырмæ, — йæ нымæт- худ сисгæйæ, йæ ныхас баппæрста Байаты Гаппо дæр. Бирæ фæндæттæ дзырдтой куывды адæм, канд ирон литературæ нæ, фæлæ Кæсæджы, Мæхъхъæлы, Дагъи-
станы, Гуырдзыйы æмæ иннæ адæмты литературæ рæзын кæныны тыххæй дæр. Къоста сæм хъуыста. Куы фæсабыр сты, уæд йæ цæстытæ ахаста адæмыл. — Мæн фæнды, — сындæг сдзырдта поэт,—цæмæй мæ «Ирон фæндыр»-æй, мæ зарджытæй хъауджыдæр ма Ирыстоны райгуыра ноджы бирæ фæндыртæ, бирæ хорз зарджытæ. Мæнæн æхсызгон у Цæголы-фырты литературон куыст. Æз мæ хъус тынг дарын йæ уац- мыстæм æмæ, бонæй-бонмæ тыхджындæр кæй кæнынц, уымæй мæ зæрдæ у рухс. Къубалы-фырт дæр кусы, дæлæ чысыл Арсен дæр фæлвары... Бирæ сын банты- сæд! Æз нуазын фæсивæды цæрæнбоны тыххæй... Уыцы ныхæсты фæстæ та Цоцко йæ бынатæи фес- тад æмæ базарыд: Цæйут, æфсьшæртау, Радтæм нæ къухтæ Абон кæрæдзимæ, 4 Иры лæппутæ!.. Зард куы фæцис, уæд та Байаты Гаппо загъта: — Махæн Къоста зынаргъ у æмæ ницæйаг приюты тыххæй æфхæрд баййæфта. 1 — Æмæ приют ницæйаг у? — фæмæсты Тыбылты Саввæ. — Гаппойы фæнды, хур дæр ныл куынæуал кæ- сид, уый. — Дæумæ гæсгæ нæ ахуыргæнджыты конфе- ренци дæр нæ хъæуы, скъола дæр нæ?! — Æз афтæ нæ зæгъын... Дзырд Къостайы хъыс- мæтыл у. Гаппо ма афæлвæрдта йæхи раст кæныныл, фæлæ Къостайы мадзура хуызмæ куы бакастис, уæд сыстади æмæ Садуллæйæн загъта: 127
— Фæллад у Кьоста! Æмæ нын нæ къам сис. Садуллæ фестад, лæнчы цы линейкæ лæууыди, уыр* дыгæй йæ хуызисæн æрдавта... Фынгæй сыстадысты иннæтæ дæр. Чидæртæ сдзырдтой, зæгъгæ, исчи рчæ фендзæн. Хицæуттæ ныв куы ссарой, уæд Къостай&Л! дæр хорз нæ уыдзæн æмæ сæхи хъæдмæ фæсаууон ранмæ айстой. Чи ма дзы аззади, уыдонæн Садуллæ æрцарæзта хуызисæн æмæ куывды уæвджыты къам систа. Адæм сæ хуыз. куыд истой, афтæ дардæй кæй- дæр уынæр æрбайхъуыстис. Æрæджиау фæндагæй, бæлæсты аууонæй, фæзынди иу лæг. Уый уыдис Æм- балты Цоцко. Раздæр æй арвыстой уавæр бæрæггæ- нæг. Уалынмæ æрбахæццæ. Адæм ыл амбырд сты. Уый тыхулæфтгæнгæ йæхи æруагъта кæрдæгыл æмæ сонт дзырд скодта: — Цæугæут! Къоста, дæхи бафснай! — Цæголы- фырт артиллерийы полкъмæ бадзæгъæл. Конферен- цийы уæвджытæ куыд дзурынц, афтæмæй нæ баны- мыгъта Бигъайы-фырт Темыр. — Фæпырх уæм! Пъæлицæйæ тас у! — загъта ахуыргæнæг Тыбылы-фырт. — Уыцы гауыр та цыдæр фыдбылыз сарæзта, — стыхсти Къубалы-фырт дæр æмæ Карсанаты Алæджы цонгыл рахæцыди. Стæй Къоста æмæ Арсенимæ баиу сты æмæ рацыдысты горæты кæрæтты. Андухъапар, Гаппо æмæ иннæтæ та слабодкæй сæрмæ къуыбыртæм бахызтысты. •