Author: Мамиева Н.К.  

Tags: æрымысгæ  

Year: 1961

Text
                    ЗЫНАРГЪ ЧИНЫГКÆСÆГ!
«Дагъистайнаг зæрингуырдтæ...» Хуымæ-
тæджы афтæ не ’схуыдтам ацы чиныджы
ном. Мах фыссæджы куыст æмæ дæсныйад
барæм зæрингуырды куыст æмæ дæсныйа-
дыл. Æмæ æцæгдæр ахъаззаджы æмдзæв-
гæтæ, ахъаззаджы радзырдтæ иу æмæ дыу-
уæ нæй ацы уацмысты æмбырдгонды.
Ды рафæлдæхтай чиныг æмæ дæ Дагъи-
станы фысджытæ бахуыдтой сæ рæсугъд
уарзон бæстæмæ. Уым дæм алы ран дæр
адæм дзурынц: «Салам алейкум»! Алы фæр-
ныг хæдзар дæр дын у йæ цæхх æмæ кæр-
дзынæй фысым.
Ды хицонау сæрыстырæй цæуыс æфсы-
мæрон республикæйы зæххыл: схызтæ бæр-
зонд урс хæхтæм, слæууыдтæ разагъды Гу-
нибы цъуппыл æмæ уыныс советон Дагъи-
стан. Ды ам æхсызгонæн хъусыс диссаджы
зарæггæнджытæм. Уыдон дын сæ фæндыр-
тæй цæгъдынц сæ дзыллæйы сгуыхт куысты
æмæ хъæбатыр тохы тыххæй. Ды лæмбынæг
хъусыс, адæм сæрибар сæ зынаргъ тугæй
куыд байстой, уыцы æмбисонды кадджы-
тæм...
Ды дæ разы уыныс æхсарджын адæм.
Ды сын æмбарыс сæ цин дæр æмæ сæ хъыг
дæр, сæ уарзт дæр æмæ се унæуынондзинад
дæр. Уыдоны ды базондзынæ, цыргъ ныха-
сæн, лæгдзинадæн стыр аргъ чи кæны,
ахæмтæй.
Æмæ ды, мæ хæлар, бирæ, бирæ хæрзтæ
фехъусдзынæ ацы æмдзæвгæтæ æмæ ра-
дзырдтæй. Цæй, се ’ппæт хабæрттæ дын мах
цы кæнæм! Чиныг йæхæдæг дзырдарæхст-
дæр у!


ДЫУУÆ НЫХАСЫ ДАГЪИСТАНЫ ЛИТЕРАТУРÆЙЫ ТЫХХÆЙ Дагъистан дæр, Ирыстонау, хæххон республикæ у. Хæхтæ дзы Ирыстонæй ноджы фылдæр бынат ахсынц, æмæ йæ «хæххон бæстæ» дæр, æвæццæгæн, уымæн хо- нынц. Хъæбатыр адæм цæры нæ хæхты, æргомзæрдæ æмæ таучел адæм. Бирæ нæм ис фыдæлтæй баззайгæ хорз æгъдæуттæ. Иу дзы у ахæм. Хæххон лæг иннæмæ уа- зæгуаты куы бацæуы, уæд ын зæрдæбынæй раарфæ кæны: «Ассалам алейкум»! Ома: «Фарн — уæ хæдза- ры!» Уый фæстæ, цыма йе ’фсымæр у, уыйау ын йæ цины æмæ йæ масты хабæрттæ æргомæй ракæны. Æр- гомæй та уымæн, æмæ зоны: хæларæн кæй радзура, уыцы цин дыууæ хатты фылдæр фæуыдзæн, йæ маст та — æмбис къаддæр. Æз дæр хæххон лæг дæн, æмæ мæ фæнды мæ рес- публикæйы литературæйы тыххæй дыууæ ныхасы зæ- гъын. Нæ литературæ хæрзæрыгон у. Уый равзæрди Октябры революцийы фæрцы æмæ йæ хъæлæсыдзагæй сдзырдта æрмæст советон дуджы. Поэтæн-иу йæ зарæг дзыллæты зæрдæтæ^ цы бон бахъардта, уыцы бон-иу ын махмæ йæ райгуырæн бо- ныл нымадтой. Адæм æм-иу куынæуал хъуыстой, уы- цы бон та — йæ мæлæты боныл. Нæ поэттæ æмæ фысджытæм адæм хъусынц, аргъ сын кæнынц. 3
Раст зæгъгæйæ нæм поэттæ æмæ кадæггæнджытæ паддзахы заман дæр уыди, æцæг уæд, Сулейман Стальскийы загьдау, «заргæ нæ, фæлæ хъарджытæ кодтой». Ашугтæ кадджытæ арæзтой нæ хæххон адæ- мы æвадат, тухи цардыл, бонджынтæн кусгæйæ ма-иу «дур дæр куыд ныггуыбыр», ууыл; нæ хъæутæ, знæг- тæй сæхи хъахъхъæнгæйæ, зæрватыччы ахстæттау хæх- ты цъассытыл куыд ныхæстысты, хуым кæнынмæ, хор æфснайынмæ хæстæввонгæй куыд цыдысты, уыдæт- тыл. Фæлæ уæддæр поэттæ, ашугтæ, кадæггæнджытæ, æрдзы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, адæмæн зæрдæ æвæрд- той амондджын фидæнæй. «Æнæ рухс фенгæ, мысты лæппын дæр куынæ мæлы». «Зымæджы фæстæ ралæу- уы уалдзæг», «Хур аныгуылы, цæмæй та райсомæй ног скæса», «Мæйдар æхсæвы раивы ирд бон». Æмæ мæнæ сæуæхсид фæзынди. Æппæты фыццаг «сæуæхсид талынджы федта» ашуг Сулейман Сталь- ский. Уый уыди Уæрæсейы сæуæхсид. Æмæ йыл поэт ныффыста курдиаты хуызæн æмдзæвгæ — гимн, йæ сæргонд дæр ын у: «Уæрæсе, мæ курдиатæн мын дзуапп ратт!» Дагъистайнаг адæмы тухитыл катай кæнгæйæ, ашуг зæрдæбынæй куры æххуыс, цæмæй большевик- тæ фæзыной æмæ адæмы бахизой зындонæй. Большевиктæ æрцыдысты. Хæххон адæм фервæз- тысты бонджынты къæлæтæй, хъизæмар цардæй. Дзыллæты сæрхъуызойтæ талынг къуымы ссыгътой рухс, хæхты фæндæгтæ сарæзтой, адæмæн хæзнайы æвæрæнтæм дуæрттæ байгом кодтой... «Цæгатæй æрцæуæг уалдзæг» — афтæ схуыдта йæ повесть Юсуп Гереев (1903—1940). Фыссæг йæхæдæг латышаг у, фæлæ хæрзсабипæ йæ ныййарджытæ амардысты, æмæ йæ хъуымыхъхъаг зæхкусæг Герей йæхицæн фырт скодта. Цæгатæй æрцæуæг уалдзæг ав- тор равдыста уырыссаг большевик Гоголевы хуызы. Уый дагъистайнæгтæн баххуыс кодта, ныронг æндзы- гæй чи лæууыд, уыцы къабæзтæ базмæлынæн, сæ тых, сæ хъару сын, адæймаджы туг чи цъиры, уыдоны ных- мæ саразынæн. Повесты архайд цæуы Октябры хæдагъоммæ. Да- 4
гъистайнаг революционер Махач Дахадаев мыхуыр- гæнинаг æрмæг æрбахаста Темир-Хан-Шурайы типо- графийы хицау Мавраевмæ. Фæлæ йæ уый нæ райста. Уыцы хабар базыдтой кусджытæ. Сæ хистæр Гоголев дагъистайнæгты æхсæн ссыгъта «зынджы стъæлфæн», æмæ куыст урæд æрцыди. Адæмы маст тыхджынæй- тыхджындæр кæны. Мавраев кæд ныронг йæхæдæг куыстурæдтæ никуы бавзæрста, уæддæр æй хъусæгга- гæй хорз зоны. Æмбары, йæ уавæр цас тæссаг у, уый, æмæ сфæнд кодта хинæй архайын: «Господин Гоголев, дæ хорзæхæй, æрсабыр кæн адæмы, æмæ кусын райда- йут. Зæрдиагæй дæ курын, господин Гоголев! О, хæдæ- гай, ныртæккæ мыхуыр кæнын райдайæнт Махачы æрмæг». Гоголев ацыди. Мавраев æм бартхъирæн кодта: «Фæлæуу, æз дæ ацы маст сисдзынæн!» Æмæ маст ист æрцыд. Гъе, æрмæст кусджытæй нæ, фæлæ бонджынтæй. Революцийы темæ, хæххон адæмæн сæрибар æмæ хæдбардзинад чи æрхаста, уыцы революцийы темæ сæйраг бынат ахсы дагъистайнаг советон литературæ- йы. Фырт йæ куысты фыццаг мызд йæ мадмæ куыд æрбахæссы, афтæ дагъистайнаг фысджытæ дæр, — поэтæй, прозаикæй æмæ драматургæй, — сæ хуыздæр уацмыстæм хæссынц Октябры революцийы цаутæ, уы- рыссаг адæймаджы сурæт, Ленины сурæт. Нæ хистæр фæлтæр: Сулейман Стальский, Гамзат Цадаса, Абуталиб Гафуров, Абдулла Магомедов, Та- гир Хурюгский æмæ Загид Гаджиевæн се ’ппæт сфæл- дыстад дæр у Советон Дагъистаны поэтикон биогра- фи, æрыгондзинкды æнусы чи æрцард, уыцы адæмты истори. Æмæ уыдонимæ иумæ дыккаг хатт райгуырды- сты уыцы фысджытæ дæр. Уый ома æрмæст рæсугъд ныхас нæу, æцæгдзинад у. Сулейман Стальскийыл 65 азы сæххæст, адæмон поэты кадджын ном лæвæрд ын куы æрцыд, уæд. Мæлгæ та акодта 68-аздзыдæй 0937). Æмæ уыцы фæстаг æртæ азы уыдысты йе ’сфæлдыстады тæккæ «тыллæгджындæр азтæ». Гъе уыцы рæстæджы дæргъы ашуг ныффыста, уый размæ- йы дæс æмæ ссæдз азы кæй ныффыста, уыдонæй бирæ Фылдæр. 5
Дагъистаны Крылов, ома Гамзат Цадаса (1877 — 1951), æгъатыр тох кодта зæронд зианхæссæг æгъ- дæутты ныхмæ, марзта сæ йæ пъеройы цыргъ фын- дзæй. Иæ фыццаг чиныг дæр «Æгьдæутты уисой» уы- мæн схуыдта. Уый йæ фæстæ ныууагъта хъæздыг поэ- тикон бынтæ. Абуталиб Гафуров (1883) у æрхуыгуырд æмæ зарæггæнæг. Иæхи загъдау, партийы съезды трибунæ- йæ уый поэзийы тыххæй дæр цы бон дзырдтой, уыцы бон Абуталиб кодта æппæты стырдæр иумæйаг аг, хохаг фынддæс гогоныдзаг дон кæм цыд, ахæм. 70 азы йыл куы рацыд, уæд Гафуров ахуыр кодта «фыццаг къласы». «Абеты чиныджы» базыдта дамгъæтæ, кæ- сын æмæ фыссын. Ныртæккæ йæ поэзи дыккаг хатт дидинæг калы. Фыссы, Ленины кадджын орден ын лæ- вæрд кæм æрцыд, уыцы зынаргъ æмæ уарзон горæт Мæскуыйыл, фыссы дыргъдоны кусæг Абдуллайыл, сывæллæттыл, хæлардзинад æмæ сабырдзинадыл. Нæ рæсугьд чызджытæ æмæ уарзондзинадыл цы æмдзæв- гæтæ фыссы, уыдон афтæ арф æнкъарæнджын сты, æмæ сæ автормæ хæлæг кæнынц æрыгон поэттæ- дæр. «Суадон иунæг куы уа, уæд йæ дон фурдмæ нæ ахæццæ уыдзæн, мæгуыр иунæг куы уа, уæд йæхи не ’схъæздыг кæндзæн»,— афтæ дзырдта революцийы агъоммæ Дагъистаны курдиатджындæр поэттæй иу — Етим Эмин. Паддзахы уæззау рæстæджы цъититæй кæлæг Да- гъистаны поэзийы суадоныл советон заман царддæт- тæг арф къанæуттæй бафтыдысты нæ ног литературæ- йы уацмыстæ. Сæ райдиан сты, социализм æмæ уы- рыссаг культурæйы хуры сфæлдыстадон суадæттæ. Арф комы цъассы зæронд суадонимæ баиу сты ног- гуырд суадæттæ æмæ сæ алчидæр, йæхи сæрмагонд хуыз, ад æмæ тæф нæ сафгæйæ, ног тыхтæ бафтыдта зæронд суадоныл, радта йын йе ’ппæт хъару æмæ зонд. Гъе уымæн афтæ арф, размæ тырнæг æмæ алыхуызон у Дагъистаны литературæ. Бирæ бинонты мадау уый сæрыстыр у йæ бирæ къабæзтæй. Ног сфæлдыстадон суадæттæ Дагъистаны литера- турæйы ад куыд аивтой, уый бамбарынæн ракæнæм æрмæстдæр Алибег Фатахов, Эффенди Капиев æмæ 6
уыдонæй ноджы æрыгондæр — Расул Гамзатовы кой. Алибег Фатаховы (1910—1935) ном Дагъистанæй дарддæр нæ айхъуыст. Æниу ын уым дæр се ’ппæт йæ фыстытæ нæ кастысты. Цæмæн, уый зын зæгъæн у. Фæлæ сæйрагдæр аххос уыдйс, йæ уацмыстæ æнцон тæлмацгæнæн кæй не ’сты, уый мидæг. Калинин Мая- ковскийы схуыдта, канд йæ уацмысты мидис нæ, фæ- лæ сын сæ хуыз дæр революцийæн чи снывонд кодта, ахæм поэт. Алибег Фатахов та уыди Маяковскийы бирæ ахуыргæнинæгтæн сæ хуыздæртæй. Фатахов дæр у революцион фыссæг, йæ зарæггæнæг. Бирæ азты дæргъы хуссайраг кадджыты хуыз цы хæххон поэзи- йæн уыди, уый ныр Фатаховы пъеройы бын аивта, йæ хъæлæсыдзагæй сдзырдта. Тæлмацгæнджытæм æн- хъæлмæ кæсынц йæ поэмæтæ: «Хъазуатон Гасан», «Пырхгонд рæхыстæ», «Эм-те-эс», «Хæст», «Махмæ æмæ уыдонмæ». Раст зæгъгæйæ, «Хъазуатон Гасан» суанг 1934 азы уырыссаг æвзагмæ ивд æрцыд, мыхуыр- гонд дæр уыди газет «Цæгат-Кавказы большевичы», фæлæ йæ тæлмац иууыл хæрзтæй нæ рауад. Эффенди Капиевы сфæлдыстад дæр (1909—1944), йæ хорз хæлар Фатаховы хуызæн, рæзыдис уырыссаг, культурæйы хъæздыг бындурыл. Æмæ-иу йæхæдæг дæр уымæн загъта: «Уырыссаг æвзаг, уырыссаг æхсæ- надæй хæстæгдæр æмæ зынаргъдæр мын ницы ис». «О, стыр уырыссаг æвзаг! Дæ цуры мæ уæрджытыл^- лæууын. Дæхицæн мæ фыртæн айс æмæ мæ арфæйаг фæкæн, гъе, æрмæст чи фæдзæгъæл, ахæм сабийау нæ, фæлæ кæй ссардтай, ахæм хъæбулау»,—фыста Эф- фенди. Æмæ Капиев æцæгдæр ссис уырыссаг æвзагæн йæ хъæбул. Уый йе ’ппæт уацмыстæ дæр,— суанг йæ но- веллæты чиныг «Поэт», «Хæстон очерктæ», «Дзыппы- даргæ фыссæн чингуытæй» æмæ публицистикон ста- тьяты онг,— иууылдæр сты уырыссагау фыст. Фæлæ йæ алы рæнхъы дæр бæрæг дарынц хæххон æгъдæут- тæ, хæххоны къухахаст æмæ йæ зæрдæйы сконд. Поэт æмæ йæ рæстæгыл фыст у Капиевы чиныг «Поэт». Николай Тихонов æй схуыдта «Æргомзæрдæ æмæ арфхъуыдыджын чиныг». Уымæн йæ архайæджы Капиев сныв кодта Сулейман Стальскийы сурæт æмæ 7
дзы равдыста, поэзи цы хуымæтæг царды райгуыры, уый. «Фыссæг хъуамæ афтæ куса, цæмæй фидæны фæл- тæрты æхсæн сидзæрау ма кæса йæхимæ»,— ахæм ны- сан сæвæрдта Капиев йæ цардæн æмæ йæ æххæст код- та йæ амæлæты бонмæ. Капиевы уыцы фæндагыл цæуы Расул Гамзатов дæр (1923). Иу хæххон æмбисонд нæм ахæм ис: «Дыууæ мады æхсыр цы саби бададта, уый дыууæ^лæджы куынæ суа, уæддæр дыууæйы аргъ уыдзæн». Дыууæ хорз поэты аргъ скæнæн ис Расул Гамзатовæн. Уый фаг бададта дыууæ мады æхсыр — хæххон поэзи æмæ уы- рыссаг лирикæйы. Цалынмæ æрмæст хæххон поэзийы æхсырæй царди, уæдмæ йæ фыд, зæронд поэт Гамзат Цадаса дзырдта: «Æртыскæн райс æмæ ацы фæнычы дзæбæх ацагур, уæд дзы тамако ссудзыны фаг зынг разынид». Авайраг хуымæтæг лæппуйæн А. Пушкины, М. Лермонтовы, Н. Некрасовы уацмыстæ байгом код- той, хæххон зарæггæнджытæн ныронг зонгæ чи нæ уыд, æмдзæвгæтæ фыссыны уыцы сусæгдзинад. Æмæ уый руаджы Расул Гамзатовы поэзийы хæххон суа- дон фæуæрæхдæр, фæсабырдæр, фæарфдæр. Дагъистайнæгтæй Мæскуыйы М. Горькийы номыл Литературон институт æппæты фыццаг каст фæцис Расул Гамзатов. Æнæферохгæнгæ æмæ зынаргъ сты Гамзатовæн институт, æмæ дзы цы азтæ арвыста, уы- дон. «Мæскуы æмæ Литературон институт,—фæдзуры поэт,— мæн сахуыр кодтой пъеройыл хæцын, сахуыр мæ кодтой гæххæтты уæлхъус бадын, сахуыр мæ код- той хъуыды кæнын, сахуыр мæ кодтой мæхицæй разы нæ уæвын». Хæххон адæм сæ къахыл кæй руаджы слæууыды- сты, ууыл хъуыдытæй сырæзти Расулы чиныг «Ныхас хистæр æфсымæры тыххæй». Уым кæуыл зары, уы- доны æхсæн сты, хæсты чи фæмард, уыцы медицинон хо («Машæ»), поэт авдазыккон скъолайы кæмæ ахуыр кодта, уыцы ахуыргæнæг («Верæ Васильевнæ»), Къойсуйы доныл колхозон гидроэлектростанцæ аразæг æрыгон инженер. 8
Хъæздыг ’æмæ алы^уызон у Расул Гамзатовы сфæлдыстад. Уый лæууы, литературон фронты сæйраг хайы чи ис, уыцы поэтикон хæстонты æхсæн æмæ, цæ- уылдæриддæр куы фысса, уæддæр йæ уацмыстыл зы- ны нæ рæстæджы тæваг. Йæ кадæг «Мæ фыдимæ ныхас» дзы домы æдзух царды гуылфæны уæвын, фыссæджы хæстæ кадджы- нæй æххæст кæнын. Александр Фадеев стыр аргъ код- та уыцы. кадæгæн æмæ Расул Гамзатовмæ фыста: «Нæ поэзийы гуырæнтæ æмæ хуызы тыххæй арф хъуы- дытæ æцæг поэтикон æгъдауæй æвдыст кæй æрцыды- сты, уый мидæг уынын æз кадæджы хорздзинад. Ахæм ныхасы дæ бон баци равдисын дæ фыды сурæт, æмæ уымæ гæсгæ уæлдай арфдæр хъары зæрдæмæ». Иттæг хорз фыст у йæ поэмæ «Хæххон сылгоймаг», стæй 1960 азы апрелы Дагъистаны аивад æмæ лите- ратурæйы декадæйы рæстæг Гамзат Цадасайы номыл авайраг драмон театр кадæгмæ гæсгæ арæзтæй Мæс- куыйы кæй равдыста, уыцы спектакль дæр. Поэт адæмимæ куыд æнгом баст хъуамæ уа, уыцы хъуыдытæ ногæй фæзындысты йæ кадæг «Мæ зæр- дæ ис хæхты»-йы. Йе ’ппæт сфæлдыстады хуызæн, уый дæр æххæст у зæрдæбын рæсугъд адæмон зæлтæй. Канд дагъистайнаг чиныгкæсæгæн нæ, фæлæ ма бирæ æндæртæн дæр хорз зонгæ у Расул Гамзатовы лирикæ, уарзондзинадыл фыст æмдзæвгæтæ. Куы бæр- зонд хæхтæй кæлæг донау размæ тырнæг, куы чызджы зарæгау чысыл «хинæйдзаг», куы та сæууон суадонау æнцад æмæ рæсуг — ахæм у Гамзатовы лирикæ. Уый чиныгкæсджыты зæрдæтæм уæлдай тынгдæр цæуы йæ сыгъдæг арф æнкъарæнтæ æмæ хæрдгæбыдау аив пси- хологион нывтæй. Прозæ нæм куы фæзынд, уымæй бирæ раздæр дар- дыл хъуыстгонд уыдис нæ поэзи. Уæды онг афтæ ны- мадтой, зæгъгæ, литературæйы рæзт бæрæг кæны про- зæ. Фæлæ махм^æ уыцы хъуыды фæмæнг. Нæ литера- т/рæ поэзийы руаджы сырæзт, йæ тæмæны уый руаджы бацыд. Дагъистан зарæггæнджыты бæстæ у. Ам поэтикон курдиатдзинад йæхицæн ахстон канд хицæн адæймæг- 9
ты зæрдæты не ’скодта. Махмæ поэтикон курдиатдзи- над æруарыд адæмæн се /ппæтыл дæр. Æмæ нын уыцы ныхæстæн ис хорз æвдисæн: æрмæст Мæскуыйы ^ауагъдадты 1959 æмæ 1960 азты мыхуырæй рацыд Дагъистаны поэтты дæс æмæ ссæдз чиныгæй фылдæр. Уыдонимæ сты Р. Гамзатовы поэмæ «Мæ зæрдæ ис хæхты», А. Сулеймановы чиныг «Зæрдæйы зарджытæ», 3. Гаджиевы «Мæ райгуырæн хъæу», А. Аджиевы «Хæ- рис доныбыл», Ю. Хаппалаевы «Лирикæ», М. Гаир- бековайы «Бæрзондмæ фæндагыл», Ф. Алиевы «Æрв- хуыз фæндаг», Б. Рамазановы «Малусæгтæ дуртыл», Р. Рашидовы «Лирикæ», А. Саидовы «Дæуимæ, Са- мур!» Дагъистаны литературæйæн йæ рæзт поэзи кæй бæ- рæг кæны, стæй нæм уый тынг адæмон кæй сси, уымæн æвдисæн у нæ фысджыты организацийы номхыгъд. Советон литературæйæн нæ республикæ’ радта Фыс- джыты цæдисы 52 уæнджы, æмæ се ’ппæтдæр сты поэттæ. Нæ литературæйы прозæ фæзынди мах рæстæджы. «Фæзынди», зæгъгæ, уый афтæ.æмбарын нæ хъæуы, æмæ нæ фыдæлтæн уыцы жанр бынтон æнæзонгæ уыди. Суанг рагон заманты дзыхæй-дзыхмæ, фæлтæрæй- фæлтæрмæ лæвæрд цыдысты канд æмдзæвгæтæ нæ, фæлæ диссаджы аргъæуттæ, кадджытæ, таурæгътæ. Дагъистаны прозæйы фыццаг реалистон уацмысыл нымад у С. Габиевы повесть «Адæммæ» (1912—1913). йæ сæйраг архайæг Джайран бахордта ард адæмты баиу кæныны тыххæй йæ сæр нывондæн æрхæссыныл. 1930 азы фæзындысты А. Фатаховы радзырдтæ. Уы- доны æвдыст у хæххон хъæуты цæрджыты тох сæ хæд- бардзинадыл. Уыцы азты ма мыхуырæй рацыдысты М. Дин-Магомаевы рагон цардæй повесттæ, Ю. Ге- реевы новеллæтæ. Къæдзæхыл уыгард ныккæнæгау адæмы зæрдæйы баззадысты Э. Капиевы уацмыстæ «Поэт» æмæ «Хæстон очерктæ». Фыдыбæстæйы хæсты бонты М. Хуршилов ныффыста роман, хæххон адæмы революцион зондахастыл, паддзахы ныхмæ тохы Да- гъистаны адæмон-ссæрибарадон змæлд уырыссаг про- летариаты змæлдимæ куыд баиу, уый тыххæй. 10
1950 азтæм фæзындысты ног уацмыстæ, уыдон дæр историон-революцион цаутæй: И. Керимовы роман «Махач», М. Магомедовы роман «Маст исын»; повест- тæ: 3. Зульфукаровы фыст «Сæумæрайсом хæхты», А. Курбановы «Хæхтæ арты». Уыцы æрыгон прозæ æрмæг нста адæмы цардæй æмæ йын уый нывтæ раст равдисынæн уыдис хорз фадат. Радзырдты æмæ очеркты руаджы Дагъистаны ли- тературæмæ æрбагуылфæн кодтой нæ рæстæджы цард, нæ дуджы миниуджытæ. Уыцы дыууæ жанры цæмæй^ хорз рæзой, ууыл æвæллайгæйæ, кусынц фысджытæ- журналисттæ X. Авшалумов, М. Бахшиев, М. Шам- халов, М. Магомедов, М. Яхьяев. Рауагъдад «Советон Уæрæсейы» 1960 азы мыхуы- рæй рацыд X. Авшалумовы радзырдты æмбырдгонд «Суадоны цур фембæлд». Фыссæг йæ раздзырды афтæ зæгъы: «Амондджынæй цæрынц нæ чысыл адæм. Фæ- лæ ма не ’стыр фгæндагыл ис гыццыл уирагдуртæ дæр æмæ нæ тагъд цæуын хъыгдарынц. Уыдон сты фыдæл- тæй баззайæггаг талынг æгъдæуттæ. Уæлдайдæр та хуыцауæн кувын. Æмæ кæд уыдон фылдæр зæронд адæмы æхсæн сты, уæддæр мах тох кæнæм семæ. Куыд фыссæг, афтæ æз дæр, мæ бон цас у, уыйас архайын уыцы тохы». Хæххон сылгоймаджы бартыл, рухс дунемæ йын фæндаг раттыны тыххæй æппæты тыхджындæрæй ра- дзырдтой Дагъистаны фысджытæ. Нæ литературæйы сылгоймаджы хъысмæт ахсы сæйраг бынæттæй иу. Уыцы хъуыддагимæ æнгом баст сты хæхты æппæт со- циалон-экономикон ивддзинæдтæ, нæ адæмы цардмæ цы историон уæлдæф æрбадымдта, уый, ногдзинады тох зæронд цардимæ. Ныфсхаст, сæ амондыл иузæрдион тохгæнджытæй æвдисынц фысджытæ хæххон сылгоймæгты. М. Бах- шиевы радзырды «Хæххон сылгоймаджы зарджытæ», зæгъгæ, уым Латифы æрыгон ус æгас хъæуы ирхæфсы нæ зарджытæй, кæд æй йе ’фсин нæ уадзы, уæддæр. Астæуыккаг скъола каст фæуыны фæстæ колхозмæ куыстмæ чи бацыд, ахæм чызджы сурæт сныв кодта йæ радзырд «Айшаты» Ибрагим Керимов, Хæххон сылгоймаджы колхозон бригадирæй равдыста М. Га- 11
джиев. Зын куыд нæ у сылгоймагæн лæгтимæ тох кæнын, ерысæй кусын, фæлæ уæддæр сарæхсти! Нæ абоны цардыл нæм цы фыцЦаг роман ис, уый дæр у хæххон сылгоймаджы хъысмæтыл фыст. йæ автор у Ильяс Керимов. Айшаты сурæты фыссæг æрæмбырд кодта ног цар- ды æппæт къабæзты тох хæххон сылгоймаджы рагон царды æгъдæуттимæ. Айшат уацмысы райдианы æв- дыст цæуы Дауыды коммæгæс ус-æххуырстæй. Суанг фыццаг бон йæ сæр нæлгоймаджы раз æркъул кодта. Йæ лæг сси йæ царды нысан. Фæлæ Айшат йæхи хъуыдытæй йæхицæн цы «зæххон дзæнæт» сарæзта, уый тагъд æрбайсæфт. йæ лæджы зæрдæмæ æндæр сылгоймаг фæцыд. йæ чысыл саби йæ хъæбысы, аф- тæмæй ацыд йæ мойæ. Уымæй ахицæн ын рауадис, арф комы талынг цъассы хуызæн йæ царды кæмæй тарсти, фæлæ дзы кæронмæ куы ахызт, уæд йæ риуыдзаг сыгъдæг уæлдæф кæй руаджы сулæфыди, ахæм. йæ сæрмæ касти рухс хур, йæ размæ та айтынг уæрæх фæндаг. Фæллойгæнæг сылгоймаджы царды цыдæрид- дæр хъæуы, уыдонæй хайджык фæцис Айшат дæр машинæтæаразæн заводы бирæ кусджыты æхсæн. Советон адæмы æрвылбоны куысты æмæ дуджьг уæлдæфæй улæфы Дагъистаны литературæ дæр. Арæ- хæй-арæхдæр дзы зынын райдыдтой коммунистон фæл- лойы хъазуатонты, Караногъайы быдырты нефты кусджыты, дыргъбæлæстæм, сæнæфсирдæттæм зил- джыты сурæттæ. Уыдон дзырд радтой авдазоны кæрон Дагъистанæй дидинæгджын бæстæ саразыны тыххæй. Нæ литературæйы æвдыст цæуынц ног адæм коммуни- стон зондахастимæ. Нæ поэттæ, фысджытæ æмæ дра- матургтæ архайынц, цæмæй советон адæм æвдыст цæ- уой æппæт адæмты æмæ æппæт афонты геройтæй ахъаззагдæр æмæ стырдæрæй. Агаев Ахед.
Аджаматов Аткай МÆЛЫМÆНТÆЙ ИУÆН Дæу фæхонынц, дам, фыдрын, Сгалиу дæ дæ фыддзырдтæй. Бæлæстыл ныхас кæнын Райдайыс сæ сындзытæй. Ис сыл дидин — урс цырен, Ноджыма — дыргъы хæрзтæ. Уæдæ раздæр дыргъты фен, Сындзыты фау уый фæстæ! ЦЫППАРРÆНХЪОНТÆ I Ыстъалытæн с’артдзæст — уæларвон, дæрддзæф, Иæхи сыл фæрæвдауы алчи æхсæв. Нæ зæххон ыстъалы — дæ цæсты тæмæн, Кæсыны бар уырдæм — æрмæстдæр мæнæн.
11 Хъæбатыр куы марди,хуæд сонтæй дзырдта, Уый зарæггæнæгæй фæстаг хатт куырдта: — Куы мыл кæнай кадæг,— мæ усыл дæр зар Йæ быхсындзинад мын лæвæрдта æхсар. ЛÆГ ÆМÆ УС Лæг æмæ ус — æд кæрддзæм кард, Æмгакк, æмджипп вæййы сæ цард. йæхæдæг кард зылын куы уа — Йæ кæрддзæм йе ’мхуызон лæууа. Фæйнæ хуызы — сæ удты конд, Фæйнæ хуызы — сæ гæпп, сæ дугъ:' У кард фыдрæуæг æмæ сонт, Кæрддзæм йæ уромæг — æдзух. КУЫД УАРЗЫНЦ МАХМÆ Баруад, бампылд къæхты раз Дидинджыты цупал-баст. Лæппу не ’мбæхсы йæ уарзт, Уарзон чызгмæ у йæ каст. Къабуз рудзынгыл йæхи.. Хатгай асæрфц сындæг. Чызджы фын фæцыдæр и, Чызджы нал ахсы хуыссæг. Балы къалиуты сыфтæр Дзуры райсомæй цыдæр... Буц чызг гауызыл хуыссы, Æмæ хинымæр тыхсы... Уарзы лæппуйы, бæргæ, Фæлæ ис йæ зæрды тас... Стæлфы риуы сонт зæрдæ; Уый нылхъивы риумæ баз. 16
Уарзондзинад мах хæхты У мыствæндаджы, хуызæн: Хилы фæхстыл, стыр рæгътыл, Атар вæййы къæйты ’хсæн. Сты гъеуымæн уый æвджид: Схизæн, хауæн, катай, сидт. ЧЫНДЗÆХСÆВЫ ГАДЖИДАУ Цæй-ма, рауадз рæгъ, мæ лымæн, Уарзты тыххæй сид ды дæр. Сыкъа чи нæ нуаза, уымæн Иууыл суæд сыкъа йæ сæр. ЧЫЗГ ЦИНАНДАЛÆЙ Алазанæн у йæ зæхх бæркадджын — Хурæй, донæй уый мæгуырау нæу. О, чызгай, цæмæн мын фæдæ адджын? Иучысыл ма ацы ран фæлæуу! Зоныс уалæ уыцы миткъæдзæхы — Уыд нæ арæн рагæйдæр’гъе уым: Кæд йæ иу фарс абон дæр дæ зæхх у, Иннæ фарс — мæнæн мæ гуырæн къуым. Уый лæууы чызг-паддзахау рæсугъдæй. Махæй кæд сымахырдæм тæхы Сонт дымгæ, уæд фенцайы йæ футтæй, Бахъус вæййы гом арвы цъæхы. Кæд сымахæй махырдæм фæниуы Сахкъæвда тызмæг æмæ ызнæт, Чызг-паддзахæн сæмбæлы йæ риуыл, Æмæ йе ’ртах бахъарм вæййы уæд. Дагъистайнаг зæрингуырдтæ 17
Сатæг-уазал Алазанæн радтам, Махæн та сымах дæттут къæвда. О, чызгай, цæй, рауай-ма уал ардæм, Йе фæлæуу-ма иучысыл уæд та! Стыр бæлæстæ — Цинандалы парчы, Ацы нæмттæ сын цымæ кæд рарди, кæд? — Иуты дзы «Фыдохаг» схуыдтой раджы, Иннæты — «Хъаугъа» æмæ «Мæлæт». Рагон тулдз кæсы æппæты сæрты, Стыр лæгæтау смæра ис бынтон. Уым æмбæхст дæ мады мад кæддæрты: Тарстис-иу мæ фыдыфыдæй, зон. Ис ныййарæг алы стыр бæласæн, Ис ын цот дæр — ног фæлтæры сæр. Бирæ ’взонг талатæ, кæс — йæ разы, Ехх, фæлæ сын нæй нæмттæ лæвæрд! Ам лæууынц,— цыма ысиу сæ амонд,— Тæрсы тала тулдзимæ æнгом. Иуы дзы ысхонин «Фидыд» абон, Иннæйæн «Хæлардзинад» — йæ ном.
Аджиев Анвар ’А1 * * Æнæ уарын кæрдæг нæ фæкæны цъæх. Æнæ хурæй уарди нæ калид цæхæртæ... Куыд фæцæрид зарæг минуты бæрц, зæгъ, Куынæ-иу нывæрид поэт уым йæ зæрдæ? ХУЫМГÆРДÆНЫ Куы суасыд маргъ сæумæрайсом нæ хъæдæй, Кæрæдзи федтам мæнæуты ’хсæн уæд. Чызгай, æнцойад нал зонын гьеуæдæй, Ысдæ мæнæн мæ сæнтты рухс, мæ мæт. Чызгай, æнцойад нал зонын гъеуæдæй, Æхсæв дæр, бон дæр хъусын дын дæ дзырд. Куы цæуис ды куырисбæтгæ мæ фæдыл, Мæ карст хуым-иу куы кæнис ды æмбырд. Куы цæуис ды куырисбæтгæ мæ фæдыл,— Нæ цъына ’мбæлид рухс арвы цъæхыл. Æнцой дуне куыд ыскæна æппæтыл, Куыд хъаза амонд алы ран зæххыл! Æнцой дуне куыд ыскæна æппæтыл, Цæвæг мæ къухты алкæддæр хæссон,— Чызгай, цæмæй дæ цæстыты тæмæнтæм, Мæхи рæвдаугæ, алы сæрд кæсон. 19
СУВАННÆ Арæх æз фæкæсын сонты бонтæм, Ахæссы мæ ивгъуыдмæ мæ фын. Райсомæй-иу доны былмæ згъордтам, Урс-риу хъазты кодтам мах тæрсын. Къултыл-иу уæд сарæзтам бырæнтæ, Былгæрон нын фезмæлдæн — уынгæг. Райдыдтам-иу доны арф уылæнты Хъазын мах Суваннæйæ æцæг. Сдæн Суваннæ иухатт æз мæхæдæг... Гуылфæнты-иу амбæхстай дæ сæр. Куыд цæрдæг кодтай ленк та уæд, куыд цæрдæг! Фæлæ дæ куы рацахстон уæддæр... Ды дæ мадмæ уайтæккæ фæраст дæ, Сардыдтай мæ... Хорз хай мæ фæци! — Кæрдæгыл лæууыдтæн къухтæбастæй. Ды хъæр кодтай: — Суæгьд дæ кæнин, и? Азтæ, азтæ, атахтысты маргъау, Аивта æппæт дæр ам йæ хуыз. Стыр хæдзæрттæ февзæрдысты рагъыл, Донæн стыр ГЭС акодта хъæбыс. Æмæ кусыс уыцы ран, мæ цуры,. Ныр Суваннæ кæд дæхæдæг сдæ. У дæхи рад урсриу хъазты сурыи Æмæ згъорын уылæнты фæстæ. Фæлæ хъазтæй æз куы уаин — хъуамæ Ленк кæнынмæ нал уаин уæндаг.— Афтæмæй куы бахауон чызгаймæ, Æмæ мæ куы нал уадза, миййаг... 20
ЗÆГЪЫС МЫН... Зæгъыс мын: «Иу хатт нæм фæзын». Фæлæ æз абон дæр нæ зонын— Кæд у уæздан ныхас æрмæст, Æви мæ ды æцæгæй хоныс. Изæры дæм куы ’рцæуон æз, Дæуимæ ку ’арвитон мæ рæстæг,— Цы зæгъдзынæн мæ сыхæгтæн, Куы кæной алыхуыз ныхæстæ? Куы бамбарой мæ рæстдзинад, Гъеуæд мын уайдзæфтæ кæндзысты. Сты иуæй-иутæн дам-думтæ Сæ хæрд, Сæ улæфт дæр, Сæ куыст дæр. Цымыдис-галиузондæн нæу йæ къух «æгас цу», зæгъгæ, исгæ. Нæ фæлæ иунæг хатт æрцу Дæхæдæг уазæгуаты искæд... Цы чындæуа? Нæ фæлæ, цæй, Фыдтæн сæ къаддæр фыд мах райсæм, Цæмæй дæ иууыл адæм дæр Мæ бинойнаг ысхоной алкæм! У уарзондзинад царды рухс, Фæлæ уæддæр скæнæм хатдзæг: Куы тонай розæйы, уæд дын Йæ сындз дæ уæлкъухы фæсадздзæн. ЗÆГЪДЗЫНÆН ÆЗ... Куы мын зæгъис ды, Хъазгæ-мхасæн-худгæ: йæ царды мидæг чи бауарзта тынг, 21
Гъе уыцы зæрдæ Баззайдзæни дудгæ, Цæрæнбонты Нæ ныххуысдзæн йæ зынг. Фæлæ куы нæй Вулканы зынгæй карздæр — Уæддæр дæ зæрдыл бадар Æмæ зон: Мынæггæнгæ цæудзæнис алы аз дæр, Æмæ фæстагмæ Бахуысдзæн бынтон. Ды мын зæгъис: — Кæд батар уаид монц та? — Лæудзæн сыгъдæгæй, Айдæнау, уый раст. Æз та зæгъын: — Нызгъæлæнтæ йæ кодтай, Цыма ныццавтай Дурыл авджы саст. Ды мын зæгъис: — Дзыхы ныхас цæфхад у,— Цæфхадджын бæх Кæмдæриддæр цæудзæн. Æз та зæгъын: — О, бæх, æцæгдæр, уад уыд, Ды та йæ тардтай Ихын къæйты ’хсæн. ЧЫНДЗÆХСÆВЫ БОНЫ ТЫХХÆЙ Æвæццæгæн, райгуырд зымæгон дæ мад, Йæ чысылæй ардæм уый уады ’хситт уарзы. Гъе уымæн æргъæвы чындзæхсæвы рад Уый ногбоны митмæ — Хъызт зымæджы карЗмæ. Хъуымыхъхъæн фæззыгон — сæ чындзæхсæвтæ, У фæззæг нæ хордон, ... Ъг
йæ къæбиц — нæ исæн: Сæнæфсирæй, къомсийæ — Иууыл цæттæ, Сæн байдайы боцкъаты ’нхъизын... Ныддаргъ вæййы хуссармæ мæргъты рæхыс, Нæ сæрмæ сæ сыф-сыф — æдзухдæр. Сызгъæринæй раивы быдыр йæ хуыз,— Фæуайынц джигиттæ уым дугъы. Кæдмæ уæм, кæ, афтæ Нæ сæнтты æвджид? У зымæг нæ сагъæс, нæ катай... У хуссар фæливаг — Куы не ’руарид мит, Цымæ уæд цы зæгъид дæ мад та?
Алиева Фазу ГУТОНВÆД Мæ цæсгомыл гутонвæд ауагътой азтæ, Æнæ авайраг зæхх фæцæрæн мын нæй. Куы ныууагътон хæхты мæ гуырæн хъæу — растдæр Мæ дзыккуты урсхилтæ разынд уæдæй. Фæнды мæ, куыд хъаза нæ комы дымæгыл Сæууон дымгæ заргæ йæ тæлтæг бæхыл. Фæнды мæ, куы фенин нæ хохы тæрхæгыл Хæххон хъæуы базмæлд сæумæйы цъæхыл. Уынгæг комы згъорынц Къойсуйы уылæнтæ, Сæхимæ мæ сайы сæ диссаджы хъазт. Хур дурынты донæй ыскалы тæмæнтæ... Бæхы хуыррытт... Фосы æнæскъуынгæ уаст. Изæрыгон хæхтæ ныгъуылынц фæлм-рухсы. Æхсæвы тар бабады дурбын кæмтты. Фæнды мæ зæронд лæгты таурæгътæм хъусын, Нæ къонайы уæлхъус мæ бадын фæнды. Авайраг сæрæнгуырд, Æдзухдæр дæу мысын. Дæ сурæт мæ разы маз сæнпы лæууы. 24'
Авайраг сæрæнгуырд, æнæ дæу нæ быхсын, Мæ цæссыг мын комдзог мæ уарзтыл цæуы. Мæн-иу чысылæй хаттæй-хатт фæнадтай, Уыдтæн фыдуаг, æгоммæгæс бынтон. Мæ фырмæстæй мæ бахсыдта-иу катай, «Нæ уыдзæн рох»,— мæхинымæр дзырдтон. Мæн-иу чысылæй хаттæй-хатт рæвдыдтай, Фæлæ нæ зыдтон аргъ кæнын дæуæн. Мæн-иу кæддæр, ныййарæг мад, рæвдыдтай, Æз та-иу сыхы чызджытæм лыгътæн. Ныббар мын, о, мæ ныййарæг, ныббар мын, Дæ чызг æнусмæ — азымджын дæуæй. Фæндаг мæ сонты рагбонтæм н’ арын, Мæ сонты бонтæн раздæхæн куы нæй. ХУЫССÆГ МÆ Н’ АХСЫ Æхсæв ныддæргъвæтин... Хуыссæг мæ н’ ахсы. ч Слæууынц нæ хæхтæ, нæ кæмттæ мæ разы. Базыртæ, оххай!—уæд атæхин уырдæм — Урссæр къæдзæхтæм, Нæ уæлхох быдыртæм. Сусæгæй бакæсин дуары зыхъхъырæй — Къуымы хуыссис уæд æнцойæ, хуыр-хуырæй, Фенин дæ тæрныхыл сау сæрыхъуынтæ; Бамбарин, Цавæр, цытæ сты дæ фынтæ. Цымæ цы уайы мæ хъустыл? — Дæ улæфт? Æви уый рацыдис дымгæйы уылæн. Æмæ æз уайтагъддæр фестин дæ цуры, Æмæ дæ хъусы уæд сабыргай дзурин: Фест, цæй, уæлæмæ, мæ зынаргь, мæ уарзон, Афтæ кæсын дæм кæдмæ æз фæразон?
Оххай, дзæгъæл ысты ахсæв мæ сæнттæ — Нæй мын цæргæсау, нæй уырдæм тæхæнтæ. Фæлæ куы уаин тæхынхъом æз дардыл, Тухи, фыдæбæтты бахауин царды: Алы бон райгæ, зæрдæрухс, фæндонæй Худгæ тæхин-иу дæумæ уæд бæлонау. ГУЫРÆН БОН Дæ фыд уæд нынкъард и, куы йын райгуырд чызг, Нæ бакаст, нæ бахудт дæумæ. Дæ цæстыты хаутыл гъеуæдæй цæссыг Зыр-зыргæнгæ баззад нырмæ. Тæрк къæвда æрæхсадта быдыртæ, хох Фырцинæй дæ цъæхахстмæ уæд. Дæ сыгъдæг зæрдæйæ æрбайрох фыдох, Дæ зæрдæйæ айсæфтис мæт. Æхсæрдзæнтæнденджызмæ хæхтæй— сæ уад, Хæххон дон ныфсджын у, уæндаг. Дæхицæн ыссардтай ды царды сæрфат, Дæхицæн ыскодтай фæндаг. Нæ хæхтæн сæ сæрмæ хур калдта цæхæр, Худт уарди уæлхохы сæрæй. Дæ уæлæуыл цардæй дæ бузныг ды дæр, Дæ риуы фыдутæхсæн .нæй. Ды — дидинæг, Хохаг дымгæйау — æвзыгъд, Нæ уалдзæджы фендау — рæсугъд; Бæрз бæлæсты базмæлд, нæ хуры æрттывд, Ды — суадоны ’нхъæвзæн, рæсуг. Дæ фыд уæд нынкъард и, куы райгуырдтæ ды — Цыма йæ ыссардта фыдрын. Фæлæ ныр æнæ дæу ныххауы мæты, Æнæ дæу нæ. зоны цæрьш. 20
Дæуимæ скъоламæ æз уадтæн. Уыд къæдзæхтыл нæ даргъ фæндаг. Дæхицæй-иу æппæлгæ радтæ, Дзырдтай: «Цæргæсау дæн уынаг, Уынын æз суадонæн йæ быныл Змисы муры ’рттиваг къæртт. Уынын æз лæгæты къæйбыныл Дзылыйы лæппынæн йæ "фæд. Уынын сæударæй хохы фахсыл Зæрин хуры зæлдаг нывæзт. Уæдæ куыннæ уыныс дæ разы, Дæу арф куыд бамбæхста мæ цæст! ДÆ ЦÆСТЫТÆ 1 Ыстылди хур... Цъæх арв зыны рæсугъдæй. У рухс дæ цæстытау, йæ мидбыл худы. Фæлæ дзы мигъ куы ’рбады уарын боны — Йæ масты дзæкъул раст цыма фæтоны. Къæвдайы размæ — арвы’рфыгæлхынцъы — Цыма зыны дæ цæстытæй дæ хъынцъым. Уæд де ’нкъард, тар цæстыты ’нгасау Мæнмæ фæзыны арвы ахаст лазæй. 2 Уазал сахары фæтынгдæр — Раст цыма дæ цæстæнгас. Дымгæ зилы, У мæстыгæр, Раст цыма дæ карз ныхас. Уалдзæг ралæудзæн,— æууæндын,— Зилдзæн арвыл хуры фынг. Райгæ батавдзæн,— æууæндын — Мæн.дæ цæстытæн-сæ зынг, 27
3 йæ бон нæу хурæн басæттын мæ зын,— Ыссыд бæрзонд, Мæ тыхст уæддæр нæ уыны. Æнæнцой рухс мын тар æхсæв хæссы, Куы дын фенын дæ цæстытæ мæ фыны. 4 Кæнын Мæскуыйы стыр уынгты æз зилæн, Хæйрæджджынау раст—алырдæм мæ кæстытæ— Миййаг, мæскуыйаг адæмæй кæд иуæн Дæууонты хуызæн уаиккой йæ цæстытæ. Цъæх цæстытæ, æрвгъуызтæ ’мæ æндæртæ Уыдис уым адæмæн, стæй ме ’мбæлттæн. Ысдзæгъæл и, фæхауæццаг мæ зæрдæ, Уæддæр кæй уарзын, Ахæмтыл нæ фембæлдтæн. 5 Бафæрсыс мæ: «Кæд сæйгæ дæ, Риссы зæрдæ æви сæр? Афтæ фыдхуыз ды цæмæн дæ? Æви бауарзтай кæйдæр?» Фæлæ ды куырм дæ — нæ уыныс: Уарзондзинад бархи нæу. Ды мæнæн ысдæ «фыдбылыз», Уымæн æмæ уарзын дæу! Дæуимæ никуы фембæлдтæн æппын, Дæуимæ мæн нæ равдæлди ныхасмæ. Кæсын дæ къаммæ ’рхæндæгæй, уынын: Лæууы æндæр чызг хъæлдзæгæй даз фарсмæ. 28
Мæ цæстыл уайы: Бафынæй ис хъæу, Æрхæстæг хæхтæм саджил мæй — къæлæсы. Рæсугъд æхаæв!.. Фæлæ мæн тыххæй нæу, Фæлæ мæнæн йæ налхъуыттæ нæ хæссы. Дæуимæ æхсæв рухсдæр у, æрмæст Дæ мидбылхудтæй æз куынæ дæн хайджын. Æндæр чызг дыл йæ амондау фæхæст, Йæ зæрдæ радта уый дæ къухтæм раджы. Ызгъорынц азтæ... Алæзæрди зæхх. Фæуазал рæстæг,— хохæй мит æрттивы. Фæлæ мæ зæрдæ таудзыдау у цъæх — Мæ уарзт дæумæ йæ рагон хуыз нæ ивы. * * Нæ чысыл рæуæд ралыгъдис кæддæр, йæ фæдыл уынгмæ рауадтæн, Фæбырыдтæн æз, ахаудтæн, Ныццавтон дурыл тынг мæ сæр. Уыдтæн ма уæд хæрзгыццыл чызг, Мæ цæстыты дон фемæхсти. Мæн иу лæппу куы фелвæста, Ныссæрфта мын мæ цæстысыг. Аз азы къахвæдтыл хæты... Кæддæрау сонт нæ фæкæсын. Куы фæкæлин — нæ фæтæрсин,— Æрмæст мæ зæххæй сис-иу ды!
Гаджаев Загид Дагъистаны адæмон поэт УАЛДЗÆГ Райхъал ысты тар фынæйæ хæхтæ, Кæрдæг рацъæх. Арв ныррухс æваст. Фестадысты гауызты бын рæгътæ, Цыма балцы дард цæудзысты, раст. Хуры хъарм та ногæй у нæ уазæг, Фосы дзугтæ нал уыдзысты ’нкъард. Мæнæ скодта диссаджы цъæх уалдзæг, Хуымтæй хъуысы адæмæн сæ зард. Бонæй-бон хæстæгдæр у нæ нысан... Зæххы арфы атъыстон мæ къух... Уадз, ам трактор гутæттæй æрфысса, Быдыр феста урс бæмбæгау пух! Сау зæхх сиды: «Сыст уæлæмæ. Цалцæг Бакæн... Сараз, ц’ и хуыздæрæн хос! Ацы аз у диссаджы цъæх уалдзæг, Уый куы вæййы, уæд тыллæг дæр — хорз. ХÆХХОН ЦÆРГÆС Уый куы здæхынц сæ хæдзæрттæм салдæттæ фронтæй, У сæ бинонтæй алчи сæ уындæй æфсæст. 30
Уый куы згъорынц сæ бæлццæттæм ногæй, зæрондæй, Уæд дæуыл та, ме ’рдхорд.цæуылнæ хæцы цæст? Мæнæ ’фсæддонтæ радгай куы цæуынц зынг хæстæй, Тохы арты сæ уындæй кæмæн рызти знаг. Уынгты хъуысынц сæ зард æмæ цины ныхæстæ, Риутæ ’рттивгæ хæрзиуджытæй алкæмæн — дзаг. Æз уыдоны алы ысгуыхты дæр уарзын... Уым дæ федтаид, чи зоны, искæцы лæг. Ам дæр уымæн цырагъау куы лæууын сæ разы, Кæд æз фехъусин исты хабæрттæ, æцæг. Дзур, зынаргъ фыдыбæстаг, кæд уыдыстут иумæ Карз хæцæнты æрфы ме ’мгаримæ уæд. Æви маргджын сау нæмыг сæмбæлдис йæ риуыл, Æмæ цардæнхъæлцау ахаста мæлæт. Уый уæларвы ’нæкæрон дард быдырты мидæг Пулеметты ’васт хъæртæй никæд бон фæтарст. Дзур-ма, дзур, æмбисондæн, знагæн ныр йæ митæ, Уый куыд лыгъд, йæ тугкалгæ, топдзæф сырдау, раст. Уый Хунзахы уæлвæзтæм дард бæстæй фыстаид Хо, æфсымæр, бинонтæм уацхъуыды гæххæтт. Уый йæ хæстæ хи цардæй, ау, куыд нæ фыстаид, Кæд йæ адæм заууатмæ ам цыдысты, уæд? Мæнæ тагъд ныр рацæудзæн тохы фæудыл афæдз, Нæй, уæддæр дзы никуыцæй ницы хъуысы кой; Нæй хабар йæ дард балцæй, мах хæры йæ сагъæс, Уæртæ хорз сыхаг усæн уый уыдис йæ мой. Бонæй уа, æхсæвæй уа — уый къуымбил æлвисы... Сæр ныттыхта саудары кæрдæны æнгом. Хорз æмбæлттæ! Бафтыдтой мах дунейы дисы Урссæр хæхтæ, быдыртæ дзурынц, хъус, æргом: — Чи нæ уыди карз тохы стыр æхсидгæ арты! Мах Уари дæр фидарæй уыцы ран хæцыд. Уый нын царды хотыхтæй хъахъхъæдта нæ бартæ, Знаг йæ цæфтæй сау туджы алы ран мæцыд. 31
Уый йæм тахт æд бомбæтæ сахъ хæххон цæргæсау, Хидтæ халгæ, алы ран цыд йæ фæндаг пырх. Зæйæмдых атакæтæй знаг кæм уыд зæрдæсау, Уым нæ Терчы былты зæхх дардта тугæй сырх. Номдзыд Волгæ — рагон дон. Диссаджы уæлвæзтæ... Ам йæ къухæй бирæтæ ссардта уæд мæлæт. Тахт цæфæй мæстджындæрæй хæдтæхæгыл хæстмæ, Уыд йæ фенд дæр удистæн не ’знагæн æгъгъæд. Украины сойæдзаг дард уæрæх быдырты Ныр лæууы сырх тырыса уый сæрмæ бæрзонд. Æмæ уарзынц тохгæнæг номдзыд бæсты фырты, Чи радта нæ адæмæн йе ’взонг цард, йæ зонд. Цыд йæ фæдыл алырдæм кад æдзух рæсугъдæй, Уый æгъатыр немыцы кодта уым бындзагъд. Ис хъæбатыр адæмтæ н’ алыфарс, кæсут-ма, Уыдон размæ ракодтой рухс фæндагмæ мах. Тох ыстынг и алы ран. Сау нæмгуыты ’хситтæй Зæхх æнкъуысти, баййæфта стыр хъйамæттæ, фыд. Уым пырхытæ, хæлдтытæй аззадысты хидтæ, Дон æфсæн-ысхъиуæнтæй ауæзтгонд æрцыд. Батарейтæ судзгæ зынг рæвдз æрвыстой дардмæ, Уым ныккалд нæ фыдгулы фидардæр мæсыг. Уый куы лыгъди, тугкалгæ, удисгæ, æгадæй, Мигъау, сбадт йæ хæдсæрмæ алы ран йæ рыг. Хæст ыстынг и алы ран, уыд бæрæг нæ нысан, Уæд æмзондæй арæхсгæ размæ мах бырстам. Хастам къухты радыгай намысджын тырыса, Мах ызнаджы карз митæ карздæрæй фыстам. * * * Æнаккагдæр лæгсырдтыл мах фестæм уæлахиз, Къуылых-къуылых лыгъдысты сæ фæды-фæдыл. 32
Мах куы дзырдтам: «Нæ хъазтмæ, цæй, кафынмæ рдхиз, Байхъус, хъæлдзæг куыд цæгъды салдаты фæндыр. Уыд фарнтауæг бæрæгбон нæ райгуырæн бæстæн, Дардмæ хъуыеыд нæ диссаджы.амондджын зард. «Мессертимæ» фæстагдæр уæлдæфон зынг хæсты Асаст Уарийы базыр, æдзардæй фæмард. Мæнæ митыл мæрдвынæй кæны ныр нæ Цæргæс, Уый æдзухдæр цыд разæй æмгæртты рæгъы. Цæй-ма, цæй-ма, ды ногæй уæларвæй æрфæлгæс, Æви нал фæнды махимæ дæу ныр тæхын? Акæс-ма, быдыртæ калынц хурмæ тæмæнтæ, Фæзтæ — дидинæг. Дæттæ ыстынг кодтой хъазт. Хур ныр систа нæ бæстæйæ миты хъæпæнтæ, Хæхтæ, дæлвæзтæм амонд уæлвонгæй æркаст. Адæм сарæзтой Альпийы къуыппыл цыртдзæвæн, Уый Европæйы ’хсæв дæр æрбакæны бон. Уымæн никуы ис, никуы ис, хорз æмбал, сæфæн, Уый Цæргæс уыди, фидар хæххон Цæргæс, зон. Ныр дуры хуызы бацыд, рухс тæмæн калы, Махæн хъахъхъæны не ’знæгтæй алкæд нæ цард. Уымæн йæ риуыл æрттивы сызгъæрин ыстъалы, Уый æнустæм нæ баййафдзæн, никуы, хъыгдард. Æмæ уымæн йæ цуры чи ’рлæууы ныхасмæ — Уыдон сисынц сæ худтæ, фæвæййынц æнкъард. Алчи бахæссы дидинæг ингæны размæ, Алчи зары йæ зарæджы уый ыстыр кад. ÆДЗÆСГОМ Скъуыны сæр! Йæ дзых бынтон ысмаст, Ногæй та йæ сынтæджы æрхуыссыд. Се ’скъапмæ дын зулцæстæй фæкаст: Ныр пъахмел куыд ыскæна, цы хуызы? 3 Дагънстаинаг зæрингуырдтæ 33
Дзыппытæн сæ къуымты дæр фæзылд, Бакувы йæхинымæр хуыцаумæ. Сомырдæг дæр не ’ркодта æмбырд, Халон та кæй цæст ыскъаха хъуамæ?.. Нæй сыкъаваг? Ницы кæны, цæй! Ахæм бонтæ арæх уыд йæ царды. Ацагъта йæ куырæты рыгтæ, Ахафта йæ цырыхъхъыты цъыф кардæй. Адаудта йæ рихитæ, хъæлæкк, Уасæгау та схъæл сæрæй фæцæуы, У цыма æппæт бæсты сгуыхт лæгу У цыма сæрæндæр лæг сæ хъæуы. Амбæлы йæ æрдхæрдтыл, бæргæ, Фæлæ йæм ныхасмæ дæр нæ лæууынц. Раст цыма сæм нал кæны зынгæ, Се ’нæхца ’мгар уыдоны кæм хъæуы! Вагзалмæ æвиппайды фæраст, Кæд, миййаг, хъæздыг уазæг фæуаид! Уайтагъд фембæлд! Амонд та йæм каст: Далæ йе ’рдхорд завхоз, дын, фæуайы. — Æтт, мæ хæлар! Цæй, куыд дæ, кæдæм? Стынг ысты хъæбыстæ æмæ дистæ: — Уый дын фембæлд! Ам кæцæй фæдæ? (Цæстытæ та пъартфелæй нæ иста). — Æтт! Мæ хæдзар у дæуæн фысым,— Райдыдта гæды цинтæ æрдхордыл. — Уазæгдонмæ? — Байдудта тыхсын.— — Барвæсс нын нæ къæбæрыл, нæ кондыл. Ацы хатт дын афтæ уадзæн нæй, Иумæ уал фæйнæ сыкъайы сисæм. Науæд дыл куыд бацин кæнон, цæй? — Нуазæн дæр — æрдхорддзинады ’вдисæн. Фыццаг сидт нæхи сæнæй зæгъын, Н’ аирвæздзæн уырыссаг арахъхъ дæр... 34
Рестораны бадтысты, сæ фынг Алы нозтæй кодта дзагæй-дзагдæр. Зноны ’рдхæрдтæ фестадысты уым, Нуазынтæ та райдыдтой æдыхстæй. Уазæгæн дæр æвæрынц сæ хуын, Раст цыма йын кад кæнынц фырнызтæй. Рæстæг дæр кæм лæууыди æнцад, Фидын афон уалынмæ æрцыди. — Уый дын диссаг! Ферох мæ æхца! — Магуса та дзыппыты æрзыади. — Æтт! Мæ хæлар, мацæмæй мын тыхс, Фондз минутмæ æз хъæмæ уыдзынæн. Ацы ран ма иучысыл фæбыхс, Тагъд уæм æз æхцаимæ зындзынæн... Уазæг фынгыл уадзыгау фæци, Куклайау ныддæлгом и. Æрфынæй. Иннæтæ дæр айстой уæд сæхи, Алыгъдысты рувæстау сæ фынгæй...
Гаирбенова Машидат ФЫДЫБÆСТÆ Дæуæн дæттын, мæ райгуырæн, мæ бæстæ, Мæ ирд сæнттæ, мæ ахсджиаг ныхæстæ, Стæй ацы стих, чиу зæрдæйы нывæст,— Ды дæ йæ сæр, дæу тыххæй у æрмæст! Фыдыбæстæн йæ риуæй гуыргæ дон, Дæ хъæбул дæн, ды дæ мæ царды бон, Мæ хорз хæдзар — къæсæрæй цары онг, Кæй уарзын æз, кæмæн дæн æз нывонд. Куы мын зæгъай: «Дæ зæххы тыххæй ратт Дæ цæстытæ, фæу йæ сæрыл мард!» Фæгæдзæ кæнин иу уысммæ æрмæст, Цæмæй ма дыл æз ахæссон мæ цæст... Дæуæн мæ зæхх, мæ райгуырæн, мæ бæстæ, Мæ рухс сæнттæ, мæ ахсджиаг ныхæстæ! МÆ ХÆХТÆ Домбайарæзт хæхтæ, æгæрон бæрзæндтæ, Куыд хъал у, куыд буц у сымахæй мæ зæрдæ! Сæрыстыр рæдзæгъдтæ — дæлдæртæ-уæлдæртæ, Уæ рæсугъддзинадæн фæуацар мæ зæрдæ. Мад буцæн куыд туха йæ сывæллон арфдæр, Мæн дæр-иу уæ мигътæ æрбатыхтой афтæ; 36-
Мад саби куыд найа, — мæн дæр-ну, рæвдаугæ, ’Æхсæрдзæнтæ надтой, уæлæуæзæй хаугæ. Мæ фыды хъæрау-иу нæрынтæ арв систа, Куы-иу фæрæдыдтæн чысылдæр æз исты. Сымах ыстут, хæхтæ, мæ хъару æхсидæг, Æнæ сымах хус у мæ зæрдæйы уидаг. РАЙГУЫРÆН ХЪÆУЫ Куы скастæн нæ хъæумæ, нæ быдыр, нæ фæзтæм, Уæд федтон, гæпгæнгæ, мæ размæ куыд уад Нæ арф бын æрхыты, нæ цъæх нæуу уæлвæзты Мæ царды рагуалдзæг, мæ сабидзинад; йæ дзабыртæ — дæларм, йæ дарæс — гæбæзтæй, Фыдуаджы цæхæртæ æрттивынц йæ цæстæй. Уый февзæры алкæм, æгæрон цырд у: Кæс, къутæрты бынæй мæм мидбылты схудт. Кæс, кæрдойы къабуз йæ быны фæсаст,— йæ къухтæ фæхъил кодта базыртау раст, Æрхаудта цæф цъиуау, фæхæбæц дæлгоммæ... Ам æрдз дæр фæдзурид мæ митæ кæронмæ,— Куынæ ивид уалдзæг йæхæдæг йæ хуыз,— Хæрз æрæджы дæр-ма куыннæ кастæн коммæ, Куыд-иу хæлдтон с’ ахстæттæ цæргæстæн æз... Фæцæуын нæ уынджы, нæ уырдыггонд кæрты, Чысыл сывæллæттæй кæм хыл кодтам мах, Кæм гуырди хылтимæ лымæнад нæ зæрды. Гъа, ай та нæ къæсæр... Рог хизын йæ сæрты, Чысылæй-иу ууыл куыд къуырдтон мæ къах! Кæс, уæртæ фæзынди мæ мады зæронд дæр... Фырцинæй ыскуыдта, кæны мын хъæбыс, Æз дæр та фæтъыстон, мæ сабийы бонтау, Мæ уарзон нанайæн йæ риуы мæ фындз... О, цас февзæрд зæрды хъуыдытæ," бæллицтæ, Нæй уыдонæн иууыл ныхæстæй æвдисæн. О, ме ’нæраздæхгæ, мæ сабийы бонтæ, Зынаргъ ыстут дардæй мæ удæн бынтондæр! Нæ хъæу дæр, нæ хæдзар, нæ дыргъдæтты къох — Мæ мады рæвдыдау мæ нал кæнынц рох. 37
ФЫН Зæрдæ куыд судза æнæазæрд зарæг, Афтæ сыгъта мæн дæ цæстæнгас фыны. М’ астæу мын балвæста чындздзон рон нарæг,— Риумæ æлхъывта мæн афтæмæй фыны. Хурæй æфсисджын цæттæ дыргътау былтæн Пъатæ ды кодтай фырмондагæй фыны... Райсомы фехъал дæн, химæ фæхыл дæн,— Афтæ цæмæн уыд æрмæстдæр мæ фыны? - ФИДÆНЫ ÆФСИН Æз хъуыстон, чызджыты куыд фаудта Дæ мад йæ сыхæгтæн хъæрæй: Сæ иуæй иннæ фестад цауддæр,— Дæу аккаг, дам, дзы иу дæр нæй. Уый каст æрфыгæлхынцъæй, тарæй, Йæ былтæ сцъупп кодта куыддæр Æмæ нæ чызджытæн æхсарæй Фæдзырдта алцыппæт фыдтæ: «Цы, дам, ныббуц Марджан йæхицæй, Мæллæг, сыгъд кæрдзынау — хъæбæр. Цæй зæнæг рауадздзæн уый? — Ницы! Нæ кæнæм худæггаг нæ сæр. Хæлимæт та фырнæрдæй — тула! Æдылы нæу, фæлæ уындæй... Сызгъæрин доны йæ куы стулай, Уæддæр дзы конд, уынды мур нæй! Пати зынг у, куысты — хæрзарæхст, Фæлæ бæллæх — уындæй тæрсæн! Данят та бакастæй у арæзт, Фæлæ уый не ’сбæздзæн мæнæн.— Ныууагъта, зæгъыиц, н’ ахуыр фарон Æмæ ма дзы цæй кад ис уæд! 38
Æдылы чындз цы сæрæн дарон? Куыннæ, йæ тъæнгтыл уал хæцæд!» Пырдта сæ афтæ уый æнæвгъау, Нæ уагъта иуы дæр æнæ фау: Сæ иу ын уыд къуылых, къуырма, Сæ иннæ та — чысыл нырма! Уый иу чызджы дæр нал ныууагъта, Дæу тыххæй фестади куырой. Æппæтыл худт, æппæты фаудта, Æрмæстдæр не ’скодта мæ кой. УЫЙ ДЫН-ДЗУАПП, КУЫД ДÆМ ФÆКАСТИ? Ногæй та мыл, — о, бын бауай!— Ды къæмдзыгау хи æндадзыс, Арф ныуулæфыс уæззауæй, Иу хорз дзырд фæсвæд нæ уадзыс. Сахуыр дæ чынд: «У цæхгæрдæр, Стæй къæйныхдæр домаг, дзураг!» Афтæ архайыс æцæгдæр,— Иу читтæй нæ кæныс цъула! Æмæ дын цæмæй ныр азым Муал хæссой дæ зонддæтджытæм,— Радзурдзынæн ам дæ разы Уарзондзинады бæрджытæ! Уарзын афтæ дæу нæ зæххыл,— Сау къуырма куыд уарзы зарæг, Стад æмæ хæрæгхуыз бæхыл Дугъ уадзын куыд уарзы барæг. Стæг æнæ дæндаг куыд уарзы, Фынгмæ не ’вналын — гуыбындзæл, Мадзура — ныхæстæй хъазын, ’Лгъин æфсин — дæттын ыстыр цæл, 39
Æрдзы фæлгонц — стыр куырм уыры, Сау фыдыус — сидзæр уды, Расыггæнаг — дон ныхъуырын, Ног ахст кæсаг—арты цурын! Уый дын — дзуапп, куыд дæм фæкастис? Искæйы æвзæр зонд ма ис!
Гамзатов Расул Дагъистаны адæмон поэт ХОХÆГТÆ ЛЕНИНМÆ Уыцы бонты нæхи Дагъистаны бæсты Адæм кодтой сæ зарджытæ Ленины номыл, Уыцы номимæ не ’фсæдтæ бартыл хæсты ’ Къордтæй мардысты нарæг Арахъæны комы. Мах хæдзæрттæ уыдысты фæздæгджын, къуындæг, Фæлæ уый ном дзыхæй-дзыхмæ истой уым цадæг. Уарзон Лениныл зарæг куы зарыди лæг, Ног ын зарынтæ кодтой уæд уыцы хорз зарæг. 0, зыдтой йын йæ ном, фæлæ уымæн æппын Хæхты ничима федта йæ чысыл хуызист дæр... Уæд Дагъистаны рæстæг уæззау уыди, зын: Хæст — уынгæг, сæрд — æнтæф æмæ лæг йæ уд иста. Раст хъызт зымæг куыд адджын у хъарм сæрды уынд, Раст æнуд бон куыд адджын у сатæг ран фенын, Афтæ ихсыд, фæллад удтæм фыны дæр зынд Адджынæй Ленин. Афтæ ’нхъæлдтой: егъау у, бæрзонд хохау раст, 41
Стæй куы сласы йæ кард — знæгтæ бамбæхсынц тары. Афтæ ’нхъæлдтой, цыргъ у, карды комау, йæ каст Æмæ ноджы сæнтсау уæлдзарм худ фæдары. Æмæ уымæ цæуын фæнд куы бакодтой, уæд Рухс Мæскуымæ æрвитынæн хастой лæвæрттæ, Анди бауæрстой, цыма уæйыгæн, нымæт, Кубачи та йын рацагътой се ’стырдæр кæрдтæн. Семæ аластой лулæ, налмасæй нывгонд, Семæ аластой ноджы тамакодон — цыллæ. Стæй æгас Дагъистанæй, æвзонг уа, зæронд — Уымæн арвыстой хъарм салам се ’ппæт дæр дзыллæ. Цыди быдыртыл, горæттыл, хъæутыл сæ фæд, Дзаг уыдысты сæ зæрдæтæ адджын бæллицæй Уыцы хохæгтæн, чи федта тухитæ, мæт, Фæлæ чи никуы федта Советон столицæ. Мæнæ кадджын Мæскуы, рухс нæ кæны мынæг, Куыст сæуæхсидæй изæрмæ калы цæхæртæ. Кремлы дуармæ сыл фембæлди рады лæууæг, Уый сын радта салам æмæ бакодта дуæрттæ. Ам æппæт дæр сæ разы æргомæй лæууыд, Ам хуымæтæг æппæт æмæ мидæмæ хонæг, Чи сæм рацыди, уый та уæйыг дæр нæ уыд, Фæлæ асæй — рæстæмбис, хуымæтæг зæххон лæг. Ныхас бацайдагъ, æмæ сæ раздæр æргом Кæд æрфарста сæ цардæй, сæ бинонтæй, цотæй; Хæсты чи фесæфт, уыдоиæн мысыд сæ ном,— Адæм тынг тыхст уыдысты уæззау хæсты бонтæй. Кремлы галуаиы, ирд рухсæй тыхсгæ, æнцад Уарзон Ленин йæ уазджытæм, цингæнгæ, касти, Рагон зонгæйау, се ’хсæн, сындæг дзургæ, бадт, Цыма се ’мсæр уыд — суанг ма сæ зондæй дæр фарста. I 42
Рæстæг сахатыл кодта йæ цæуыны кой, Фæлæ хохæгтæн афтæ тынг бабуц сæ зæрдæ Æмæ, иуцъус ма бахъæуа, ферох кæной Раттын фысымæн адæмы уарзон лæвæрттæ. Мидбылты худгæ, Ленин йæ уазджытæм каст, Райста урс нымæт, æхсаргард, лæвæрттæ иууыл, Райста лулæ дæр, фæлæ куыд нæ кæной маст, Уый тыххæй сын нæ басаст, кæй нæ дымы, ууыл. Стæй, куы фесты лæмбынæг сæ ныхæстæ конд, Дард, фæндагмæ куы. кодтой хæрзбонтæ хæлæрттæй, Уæд сæ бафарста, Ленин, цы хорз сын фæуон, Цавæр хорзæх сын ракæна ахæм лæвæрттæм. Уыдон загътой йын уæд: — хæхты ахæсс дæ цæст — Нæй, дæ хуызист дын чи федта, ахæм. Ды, Ильич, ратт дæ хуызист нын иунæг æрмæст, Уый уыдзæнис æппæты хуыздæр лæвар махæн. Райстой лæвар, сæ фысымæн радтой салам, Фæндагыл та фæндтæ кодтой ног царды пъланæн. Семæ хæхбæстæн хастой зынаргъ лæджы къам, Ленин афтæ кæм ныффыста: «Сырх Дагъистанæн». Бирæ афæдзтæ рацыд уæдæй нырмæ, фæлæ уæддæр Уыцы ахсджиаг фембæлд нæ рох кæны зæрдæ. Ис нæ музейы уыцы къам къулыл ныр дæр, Дидинджытæй ма зымæг дæр фæкалы цæхæртæ. МÆ ЧЫСЫЛ АДÆМ, УАРЗЫН ДÆУ! Æрцыд зиан уæд ыл ныхъхъæцыс, Лæгау, æнæцæссыг, быхсгæ. 43
Дæ цины рухс бон дæр нæ кæныс Уæлдай гæдымитæ, тыхсгае. Куы зарыс, уæд вæййы дæ зарæг, Цæргæсы сабыр тахтау, раст. Куы кафыс, уæд цыма рæубарæг Фæуайы йе ’фсургъыл æваст, Æнусты де ’стыр уд нæ басаст, Дæ карз дзырдарæхст фауддзаг нæу. Мæ адæм, кæд чысыл дæ асæй, Уæддæр мæ удау уарзын дæу. Дæ цæрæн тар мигътæй ’сæ сæртыл Кæд дарынц цъити хæхтæ худ, Уæддæр у хурæргом дæ зæрдæ, рыдырау ’нæкæрон — дæ уд. Сыхæгтæй алкæмæн æмбал дæ, Хъаугъатæн скодтай ды кæрон. Кæддæры талынг адæм нал дæ, Æндæр у ныр дæ уаг, дæ бон. Нæ хæхты дымгæ мигъты пиры, Хæдтæхæг дæр нæм диссаг нæу. Ыстыр, фæрныг адæмау, бирæ, Мæ чысыл адæм, уарзын дæу! ТУГÆМÆЦÆССЫГ Туг фемæхст топдзæфæй, Ныццахст,— Кæны уый сауæй-саудæр. Фæлæ цæссыг? — Цæссыг дзы не ’рхаудис уæддæр. Ис иу æгъдау. Лæгæн йæ цæссыг тугæй у зынаргъдæр,— -Кæннод нæ уыдзæн уымæн худ аккаг йæ сæр!
МАДÆЛОН ÆВЗАГ Фын алкæд дæр лæджы æфтауы дисыл. Æз федтон фын: мæ мæлæт мæм æрцыд. Мæ уд æз истон иу тæвд боны ’мбисыл Дагъистаны, нæмыг мæ риуы уыд. Хæл-хæлæй тахт хæххон суадон мæ цурты. Нæ хъуыдтæн, никæй, ферох кодтой мæн... Хуыссын æнцад мæ гуырæн зæххы дуртыл Æмæ — рæхджы мæ мард сыджыт уыдзæн. Цыма мæлын, æмæ мын ничи зоны Мæ сæфты хабар,— нал хъуысы мæ хъæр, Æрмæст ныууасынц цæргæстæ бæрзондæй Æмæ ныннæтынц хъуазтæ та кæмдæр. Æмæ кæуæг мæныл нæ зыны абон, Æрыгонæй æдзард кæй фæдæн æз,— Нæдæр мæ мад, нæдæр хæлар, нæ — уарзон, Нæй, нæй, нæ хъуысы хъарæджы хъæлæс. Гъе, афтæ мардтæн, цардæй кодтон хицæн. Æваст дын хъусын: адæм мæм æввахс Æрбацæуынц æмæ кæнынц сæхицæн Раст ме ’взагыл — авайрагау — ныхас. Тæвд æмбисбон йæ фæзыл Дагъистанæн Æз мардтæн, о, æмæ мæ хъустыл цыд Ныхас йæ хинтыл цавæрдæр Гасанæн Æмæ Али куыд фæливæг лæг уыд. Куы хъуыстон дзурын мадæлон æвзагыл, Уæд кодтон æз æгас, улæфгæ — фаг, Уæд бамбæрстон: мæ хосгæнæг у рагæй... Чи? Дæсны? Дохтыр? — Мадæлон æвзаг! Ис ахæмтæ, сæ низы хай сын райсы Кæйдæр æвзаг,— ды уыдонæй нæ дæ. Æмæ кæд ме’взаг, фесæфдзæни райсом, Уæд абон æз мæлæтмæ дæн цæттæ. 45
Æз уарзын цард, æгас дунейь1 федтон, йæ къуымтæй алкæй бирæ уарзын æз, Уæлдай фылдæр та хи бæстæ — Советон, Мæ зарæг ыл — авайраджы хъæлæс. Сæрибар у мæ бæстæ, хурмæ хъазы Ыскæсæнæй Ныгуылæнмæ — æппæт. Мæлæтмæ йыл кæмдæриддæр дæн разы, Æрмæст æз ам куыд æрцæуон ныгæд. Цæмæй мæ ингæны уæлхъус мæ фæстæ Авайрæгтæ ныхас куы кæной сом, Уæд ме ’взагыл æрымысой сæ бæстаг Гамзаты-фырт Расулæн дæр йæ ном. ХÆХТÆ Персайнаг шахæн, дам, Уыд зарæггæнджытæ, Хуыдтой йæ пехуымпар, Фæрнджынты фæрнджындæр, Фыстой-иу, куыд царди Æппæтæй хуыздæр, Куыд бадти, Куыд хуыссыд, Куыд хордта къæбæр... Ныр зарæггæнджытæ Нæ хæхтыл цæйбæрц и, Гъе уыйбæрц дзы шахы, Нæ фæци, Нæ фæци! Цæйбæрц маргъ ис махæн Нæ сатæг дыргъдоны, Гъе уыйбæрц дзы алы Къæдзæх дæр куы зоны... Кæй фæкалдтой кæмтты, Стæй тигъты сæраппонд, Гъе уыцы чернилæ Æрæмбырд кæ абон, Уæд хæхтæ зæгъиккой: «Ыстыр хуыцау, зон, 46'
Чернилæйы фурды Кæй кæнæм дæлдон!..» Хъазыбеджы тыххæй Библиотекæйæ Стихуацтæ райсгæйæ, Стихуацтæ фенгæйæ, Нæ фæзтæм сæ рахæсс, Æрцамай сæ цæнд, Уæд уаиккой Елбрус, Сæнайы бæрзæнд. Фæлæ нын У тынг хъыг, Сæ хъæлæсы уагæй Æнæ пайда зæлтæ Кæй хъуысынц тъæллангæй, Цы хæхты æрттивы Дзыхъхъынногæй цард, Гъе уыдоныл хъуысы Сæ рагондæр зард. Фæндаг нæм ызнонæй Цы поэт нæ ары, Уый чи у? Æвзонг фырт Фыды худ куы дары... Кавказы нæ федта, Фæлæ йын йæ рæгътыл, йæ рæсугъддзинæдтыл Фæндырæй æрцæгъды... Кавказы цы бæлццон У тагъддæр раст уадæй, Гъе уый дæр ыл арæх Фæцæгъды нардуатæй: «О, урс бæрзонд хæхтæ! Куыд хорз ыстут æрдзы! Мæ зæрдæ уæм дардæй Фæбæллы, Фæтындзы». Кæд искуы сæ дзæгъ-дзæгъ Мыхуыры фæзыны, Æвæдза, уæд махæн, Сымахæн фыд-зын у. 47
Нæ хъалтахъ нывгæиæг Нæ чингуыты цъæрттыл Ыскæны ’цæргæсы, Куыд тæхы бæрзæндты. Æрцаразы уый бын Зыгъуыммæ-кæрц мигъты, Æрæвæры мигъты Цыргь къæдзæхты тигътыл. Дæлдæр та — æндæр ныв (Куыд нæ хæссай фау) — Андийаг нымæты Колхозои фиййау. Нæ горæтты дæр дын Витринæты нæй Фæлгонцджын чингуытæ Нæ хæхты тыххæй?! Нæ чызджытæ та сыл Сæ ахуыры фæстæ Сæ зынаргъ стипенди Фæкæнынц фæлхæстæ... Гъе уыцы чингуытæ Фæлдахынц Изæр, Поэты хъæримæ Фæцæуы сæ хъæр: «О, урс бæрзонд хæхтæ! Куыд хорз ыстут æрдзы! Мæ зæрдæ уæм дардæй Фæбæллы, Фæтындзы!..» Дæ ном дын нæ зонын, Нывгæнæг, Ныббар! Куы фæлындай искуы Мæ чиныджы цъар, Къæбæлдзыг хъулæттæ Кæнын-иу ныууадз! Æврæгътæн тыгъд арвыл Æнцондæр — сæ балц... Мæ бæстæгты сурæт Куы кæнис, бæргæ,
Кæй цæфтæй æркæлы Цъæх айнæг, нæргæ; Парахат Фæндæгтæ Нæ дуджы цæхæрты Нæ кæмттæй æфцджытæм Ныр чи систа гæрдын. Нывгæнæг! Ыстæй ма Мæ чиныгыл сараз, Къойсуйæн йæ былтыл Куыд ысгуыхынц ал-аз... Дыргъдартæн дæр нывы Куы ссарис бынат, Зæгъ: «Хъуамæ мæ нывæй Æппæтмæ зынат!» Фæскомцæдисонты Ыскадджын кæ, цæй, Кæй тырыса разынд Седлæйы сæрæй! Уырыссаг рæсугъд чызг, 0, Ленæйы хуыз дæр Уым сараз — Нæ хотæн Сæ хуыздæрты хуыздæр! Уый махмæ Мæскуыйæ Æртахти, ’мæ федтат: Нæ цъадæгтæн скъолайы Хуры тын фестад. Гъе уæд нæ уый хъуамæ Куыд ферох уа, куыд! Хъæбулау нæ хъуамæ Куыд нæ уа рæвдыд! Нывгæнæг! Нывгæнæг! Сæхи бар ныууадз Нæ уæзæгтæ, Мигътæ ’мæ Уариты бардз! 4 Дагъистайнаг зæрингуырдтæ , 49
Мæ чиныджы цъарыл Ды уый бæсты скæ Мæ бæстаг богæлтты Сæ куысты, бырсгæ. Дæуæн уæд Нæ кæсæг, Стæй автор, Стæй хæхтæ Зæгъдзысты: «Ныр — бузныг! Кæс махмæ дзæбæхдæр!».. Фæлæ нын гъе афтæ Куы не ’рфæнда дæу, Уæд махæн нæ фæндаг, 4 Нæ хъысмæт Иу нæу. Цы сты, цы, дæ нывтæ? Цы пайда сæ ис? Ныууадз нын нæ хæхтæ — Ныр дæлвæзмæ ’рхиз! ÆРЫГОН ПОЭТМÆ Мæнæй нæ рауад зондамонæг зиутæн, Æвзонг поэт, фæлæ дæ зæрдыл дар: Æмдзæвгæтæ — хъыг æмæ цины цъиутæ — Зынæй гом кæнынц рухс дунемæ дуар. Ды зарыс кадыл, царды рыг мæрзæг дæ — Кæн-иу гæххæттыл хи къухвæд бæстон, Чындзы фæлысттæ, зианы урс мæрддзæгтæ Хуийынц хæхбæсты иу судзинæй, зон. Дæ сис куы райсай амонд æмæ хурмæ, Уæд æй хъыг æмæ уадмæ дар цыргъæй. Цы дæттæ кæлынц стыр бæ’рзæндтæй фурдмæ, Гъе уыдон гуырынц мит æмæ тæвдæй. Æдзухдæр царды судзгæ уарзт кæм вæййы, Гъе уым — дæ зарды равзæрæн бынат, 50
Фæлæ салдаты артвæлтæрд зæрдæйы Ис уарзты цур æнæуынондзинад. Дæ пъеройæн-иу ма кæнын кæ дугътæ, Сындæг кусынæй айхъуысæд йæ ном. Цъæх чылауитæм чи ’вазы йæ къухтæ? Æнæстад сæнæй чи уадзы йæ ком? Куы фæуид арæхст цуанонау дæ хъæды: Уый ногæй-ногмæ фесгуыхын фæнды,— Нæ зилы, нæ, тæрхъус марыныл хъæды, Фæлæ зынаргь царм рувасы фæдыл. ÆРÆДЖЫГÆНÆГ ЗÆРВАТЫЧЧЫТÆ Мах фæсырдтам ихзæрдæ зымæджы, Дæттæ хъазтæй нал æфсæдынц, нал... Цымæ ныр цæмæн кæнут æрæджы, Урсриуджын зæрватыччыты бал? Къæлиндар йæ бирæ сыфты арфы Радта, ра, апрелæн дæр фæндаг. Æз кæсын æппынæдзухæй арвмæ — Арв ма у æрмæст уæ ферттывд хъуаг. Тагъд сымах фæзындзыстут нæ сæрмæ, Азæлдзæн та уе ’хсызгон хъæлæс, Æмæ уалдзæг райсомы цæхæрмæ Райтаудзæн йæ цъæх-цъæхид пæлæз. Хурзæрин-иу къæдзæхты фæсонтæй Сдардзæн раздæр дунемæ йæ был, Денджызы-иу ленк кæндзæн бæрзондæй, Уым сызгъæрин таудзæни дæрдтыл. Лæппутæ ’мæ чызджыты изæрмæ Быдыр, хъæдæй нал хæсдзæн сæ къах. Зæрæдтæ бæлдзысты ног фæлтæрмæ... Цæй, уæдæ кæм ыстут ныр сымах? 51
Фиййæуттæ сæ дзугтæ тардтон фæзтæм, Ног сæ хæхтæм сыскъæрдзысты тагъд. Нал быхсæм! Кæд ма уыдзæн мæ бæстæм, Уалдзæгхæссæг стъалытæ, уæ тахт! Стут сымах æртæтигъон писмоты Хуызæттæ уæ бакастæй, зæгъынц, Æмæ адæм даргъ къæвдаджын бонты Иудадзыг уæ фенынмæ бæллынц. Зонут, нæй уын дард балцы цæлхдуртæ, Уымæн æмæ махмæ стут тырнæг. Дуæртты сæрмæ ахстæтты бындуртæн Бакодтам цæфхæдтæ дæр, хъæлæкк. Кæд мæ бæстæ номдзыд у йæ мæргътæй, Кæд сæ зардмæ нæй æрхæссæн фау, 0, уæддæр уын урс худтæ нæ хæхтæ Сисдзысты æгъдаудæттæг лæгтау! ÆМГАРДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ Фæцардтæ ды Æнæмæтæй, æнцадæй,— Дæхи гъеуымæн рахоныс нывджыи. Бынтон фæцух дæ Иубæстон æмгартæй: Нæ сыи зыдтай сæ цин, кæнæ сæ зын. Сæдæ азы онг афтæмæй куы цæрай, Куы ’рзайа къозо Де ’нцъылдтæ ныхыл,— Æз дын зæгъдзынæн: «Уæ, фæуай æнæрай, Нырма куы нæма райгуырдтæ зæххыл!» ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ Æз цардтæн Барæг суæвыны фæндонæй — Нæма зыдтон бæхыл æвæрын саргъ. 52
Кæм дардтон цухъхъа! Мады нывæзт ронæн Кæм зыдтон æз, Кæм зыдтон æз йæ аргъ! Уæд-иу æхсæв æз фехъал дæн, Æз хъуыстон Фыдуады ниуд Къæдз-мæдз нарæг уынгтæй. Мæ райгуырæн гыццыл къæссы ныффыстон Дыууæ рæнхъы Дыууадæсгай уæнгтæй. Уæд иннæ райсом Скъоладзаутæ къласы Сæ хынцинæгтæ сарæзтой, Æз та Уым бахаудтон Мæ сусæг мийы тасы — Мæнæй уый Дарддæр уацмысыл куыста. Куы мæ базона ахуыргæнæг, Уымæй Цыдис мæ зыр-зыр Æмæ раст уыдтæн, Цыма сывæллон кинозалы къуымы Къæрных у фильмы ’нæ билет уындæн... Æмæ цыдысты даргъ фæрнджын уроктæ, Цыма уæрдон бæрзонд æфцæгмæ цыд. Æмæ сæ хъустыл ахуыры уæнгрогтæн Дзæнгæрæджы фæстаг зыланг фæцыд. Уæд сафтид и кълас. Хъæуы къахвæндагыл Мæ хорз хæлæрттæ здæхтысты хъæмæ. Мæн та ысбаста ме стихы хъуыддагыл Уæлтæмæнады райдайгæ тæмæн. Æхсæрдæс рæнхъы æз ныффыстон ноджы, Ысраст ма кодтон фыццæгтæй æртæ. 53
Мæ хъус æрцахста уайсадæг мæйноджы Нæхи стъорожы санчъехты хъæртæ. Фæтарстæн иуцъус, Уæд цæмæн — нæ зонын: Кæй уыд, æнхъæлдæн, зарынмæ дæсны, Кæй йæ байдыдтой Иууылдæр фыд хонын, Кæй бацыд хъæуы исбоны бæрны. Фæлæ уыдтæн бынтон дзæгъæлы тасы: Дада уыдис фæлмæнзæрдæ, хæлар. йæ къух ауигъгæйæ, Ног марзт рухс къласы Мæнæн уый радта баззайыны бар. Стæй мæ фыдмæ Схаста дзырд мæн тыххæй, Фыссы, дам, стихтæ, Дар æм цæст хуыздæр. Бабайæн не ’схауд иу ныхас йæ дзыхæй, Æрмæст цæмæндæр банкъуыста йæ сæр... , Мæ хур дæ ды, мæ фыццаг ног æмдзæвгæ! Æваст фæзындтæ, Уайтагъддæр — цæттæ. Зæххыл дæ цинæй нал кодтон æндзæвгæ, Цæйбæрц мæм уыди сабийæ фæндтæ!.. Æмгæртты астæу æз бынат ыссардтон, Цæуæм чыргæйттæй, худы мæм сæумæ. Нæ къулы газет, Майы номыл радтон Мæ къухæвæрдæй ме ’мдзæвгæ -дæумæ! Изæры раздæр схуыссыдтæн. Куы сбон и, Уæд бæстæ дардта тырысатæй сырх. «Правдæйы» йас мыхуыры оргæн хонын Йæхимæ систа, æмæ — байдзаг тыргъ... Уый къулы газет рацыди, Мæ фæлтæр
Хæлæфæй касти... Басабыр и æрдз... Уæд чидæр загъта: «Цъадæгтæй фæфылдæр Нырæй фæстæмæ поэтты нымæц». Ыстæй дын райгонд сабитæ рæнхъытæй Æрлæууыдысты, Се ’хсæнæй æз уæд Нæ ног газетмæ батахтæн хæрзнымдæй... Уыдис мын тынг хъыг уыцы стыр æфхæрд: — Поэты ’вастæй Чи бауæндыд, уагæр?.. Куыд ын аппæрстис йе ’стихæй? Цæмæн? Нæу хорз кæмæндæр уый тыххæй йæ уавæр Сæйраг редактор дзуапдæттæг уыдзæн! Мæ судзгæ маст мæ Директормæ скъæфта, Мæ судзгæ маст ын радзырдтон бæлвырд... Йæ хъарм къухæй мын Уый мæ сæр æрсæрфта. Цыма уыдтон мæхи фыдæй рæвдыд... Изæры схызтæи не ’сценæмæ цадæг, Редколлегийы фыдæнæн хъæрæй Æнæхъæнæй дæр бакастæи мæ зарæг,— Зæгъын, мæ фыстмæ къухбакæнæн нæй! Æз, чи зоны, нæ уыдтæн раст, Æмгæртты Фæндыд æрмæстдæр хорздзинад мæнæн. Цыдысты азтæ... Рæстæджы цæхæрты Цæмæн ферох уа рагуалдзæг, Цæмæн? Уæдæй нырмæ Уæлтæмæнады уысмы Æз гом кæнын мæ уарзон рæнхъæн дуар,
Ды бон зæгъай, æхсæв зæгъай — Æххуыс мын У зæрдæйы фыццаг цæхæр, Æхсар. ГАБИБ Мæ зынаргъ Капиев Эффендийæн Уынын дын дæ сау чупп, дæ ныхы æнхъырдтæ, Нæ арв æмæ уæлдæфæй расыг æнгас. Æвæдза, куыд раджы, куыд раджы фæхъуыдтæ, Нæ фæндырдзæгъдджыты æгæсты æгас! Ныббарæд, дæ рухс ингæн махæн ныббарæд, Цырт сагъд дын кæй нæма ис хæхты фæндон, Ныббар нын, дæ зарджыты ног аккаг зарæг Æмбæлттæн кæй нæма сси скæнын сæ бон. Дæ цытыл кæд зарæг нæ кæмтты нæ зæлы, Æнæкæрон уарзтæй дæ уарзæм уæддæр. Дæ цытыл нæ зарæг нæ риуты æвзæры, Нæ риуты куы кæны хуыздæрæй хуыздæр. МÆ ФÆНДОН Арв сасирæй хæхты нартхоры ссад луары, Нæ уынгты йæ урс бæхыл ног аз тæхы. Цы хæрзтæ фæфæнды æмгарæн æмгары, Гъе уыдон сымахæн мæ зæрдæ зæгъы. Фæнды мæ, куыд хъуыса сывæллæтты худын, Мыггагæй-мыггагмæ куыд нæ феной сон, Куыд нæ уа зæгъæндæр уæ чызджы’рæсугъдæн, Уæ лæппуйы Семау куыд хонæм хæд-зонд. Фæнды мæ, хæлар-иу куыд ыскæнат ахæм, Æ’мæ уын йæ баххуыс, йæ фарны ныхас Куыд бæзза ыстыр ныфс, æхсары гæнахæн Æхсары гæнахæн зын сахат, тыхст аз. 56
Миййаг-иу куы нæ уат хъыг, мастæй æнæхай, Уæд-иу сæ куыд раивой амæндтæ, цин, Куывдтæ-иу куыд кæнат бæркады дзæбæхæй, Хъæуы фаг бæрæчетт куыд дæтта æфсин; Куыд æмбæлат царды зæрдæрухс, фæндонæй, Куыд нæ ’фсæдат царды кæрæдзи уындæй, Фæнды мæ, сывæллон куыд гуыра æнцонæй, Фæнды мæ, æмдзæвгæ куыд гуыра зынтæй... Чызгай дæм кæд сæрды цæуылдæр фæтигъ и, Уæд а зымæг уымæ æрцæуæд фæсмон; Уæ дыууæйы астæу цы джискъус, цы мигъ и, Уый сонт уарзты дымгæ фæсурæд бынтон. Фæнды мæ, фæнды мæ, куы фæзынид тагъддæр Дагъистаны ногдæр поэтты æфсад. Уадз, уыдон хъæлæсæй мæ фæндыры цагъд дæр Фæкъуыза нæ дугъы, нынцад уа, нынцад. Фæнды мæ дæуæн та, сылтæ уарзаг чи у, Дæ бирæ рæдыдтыл куыд басæттай ныр. Дæ уæрджытыл лæугæйæ, ацы аз иууыл Дæ фыццаг æфсинæй куыд курай хатыр. Дзæгъæлдзых, дæуæн та фæхъуысы дæ хъæддаг Æнæрынцой уасын, дывзагон бæр-бæр. Фæнды мæ, æрвылбон куыд рисса дæ дæндаг, Куыд нал рисса махæн дæ хъæрæй нæ сæр. Цæрыс æмæ ноджы хъæздыгдæр цæрдзынæ, Дæ разæй цæлхдуртæ дæлдзæхмæ æнтъух,— Кæд цъус дæр чъынды дæ цæхх æмæ кæрдзыныл, Дæ дуар дын уæд уазджытæ хойæнт æдзух. Ыздыхт сыкъа сæнæй йæ тæккæ дзаг бакæн, Ды а фынгыл зарынæй ма зон æгъгъæд! Цы загъта нæ зæрдæ ныртæккæ сымахæн, Кæрæдзийы зæрдæ уын уыдон зæгъæд. 57
Фæфæрсы мæ ме ’фсин: «Куыд уыдис, мæ боныл, Нæ иухатты загъд та? Цæй тыххæй, цы ’фсоныл?..» Фæзæгъын ын: «Не ’фсин, æмæ йын цы зонын,— Нæ зулдзыхы брнтæ мæ цардæй нæ хонын». ГУНИБ Лæууын та æз абон, лæууып Мæ зонгæ цъæх айнæг бæрзондыл. Уæ, байрйай, рæсугъд хох Гуниб, Дагъистаны кад æмæ намыс! Цæргæсау æрæнцади хъæу, Æрæнцади де ’схон фæсонтыл, Æфсадыс æй дидинджытæй, Æврæгъты æхсырæй æфсадыс. У адджын дæ сыгъдæг уæлдæф. Мæ уæхсчытыл урс мигътæ бадынц, Фæскъæуттæй Къойсумæ тырнынц, Къойсуйы уæззау улæфт хъусын. Æрттивы дæ алыварс æрдз, Æрдз фестад дæ алыварс уадындз, Куыд ныгъуылы денджызы нау, Ныгъуылыс раст уый хуызæн рухсы. Фæнды мæ, фæнды мæ æдзух Дæ къæдзæхтыл сабиау хилын, Дæ арф уынгæг кæмтты тæхын, Дæ цинæй сæрыстырæй зарын. Фæнды мæ, фæнды мæ æдзух Дæ «зындоны» амонды хидыл Мæ хуры фæрдыгмæ цæуын, йæ зæрдæмæ къахвæндаг арын. Куыд рæсугъд дæ, уастæн, Гуниб! Нæ зонын, цæуыл дæ ысбарон! Æнæнцой хъысмæтæй — разы, Ды кæй дæ мæ гуырæн, мæ авдæн. Мæ цæстытæ бабæтт мæнæн, Уæддæр дæ æз хъуамæ ыссарон, Уæлтæмæнад исын дæуæй
Мæ фæндыры цагъдæн, мæ кафтæн. Æвæдза, куыд хорз у, куыд хорз, Дæ сæрмæ, дæ арвы фæтæны! Уым адары мæргътæй сæнтсау, Уым зилахар байдайынц мæргътæ, Уым цотуарзаг уадсур цæргæс йæ лæппынты ахуыр фæкæны, йæ фæдыл куы ’рзилынц, уæд сын Сæ фæндаг фæвæййы уæрæхдæр. Ам таурæгътæ цас гуыры, цас! Дæттынц сæ дзыхæй-дзыхмæ адæм. Фæлтæрты фæндыртæ цæгъдынц: Æнусон бæгъатырты тохыл, Персайнаг гаууыр шах Надир Куыд бырста ыссæндынмæ ардæм, Куыд сыстади уый ныхмæ лекъ, Куыд æй ныппырх кодта нæ хохы. Фыдæлтæ фыдгултæн зыдтой Мыггагæй-мыггагмæ сæ митæ, Фыдæлтæ цы нæ федтой, цы, Сæ дуджы нæмыгджын цæхæры! Куы хуыссынц къæдзæх-дурты бын Шамилы хъæбатыр мюридтæ, Паддзахимæ хæцæг Шамил Æнæивгæ нывты куы цæры. Мæ цытджын, мæ бæрзонд Гуниб! Æз уарзын дæ таучел еблагъуæ, Æз уарзын дæ кадджыты нæрд, Дæ хуры тын-чызджыты уарзын. Æвæдза, куыд хорз у, куыд хорз, Дæ бæстæ, дæ дзыллæты суагъæ! Æвæдза, куыд хорз у, куыд хорз, Кæй ыстæм æмудтæ, æмбарджын! Фырцинæй куы сдзурын дæ ном, Уæд айсæфынц уайтагъд мæ зынтæ, Фырцинæй та фехсын мæ худ, Дæ рындзæй та сæмбæлы арвыл. Æвыд у, мæ зынаргъ Гуниб! Дæ цъуппыл цард уафæд йæ тынтæ* Дæ быдыр, дæ хæхтæ хæссын Æдзухдæр мæ зæрдæйы арфы. 59
Ныр ысбон уыдзæн тагъд —рагъæй атылдис мæй. Адæм иууыл — фынæй, уыдон уарзты мæт нæй. Уарзтон райсом хуыссын, ныр фæлыгъди мæ фын, Ныр дæ мæтæй æрхуыст нæй мæ удæн æппын. Иугæр бауарзта лæг, уæд куыд сæфы хуыссæг, Уый нæ зоныс, уæд дын мæнæ иу хос, æцæг. Айс мæ зæрдæ æфстау, уый дæ риуы нывæр,— Кæд нæ фæуай мæнау уæд æгъуыссæг ды дæр. МÆ САБИОН БОНТÆ Мæ урс мæргъты балтæ Нæма федтай ды, Нæма кæнынц ахстон Мæ сæрыхъуынты, Уæддæр-иу фæмысын Мæ сабион рад, Мæ райгуырæн къæссы Нæ къонайыл арт. Мæ цæстытыл уайы, Нæ тагъд-доны был Æмбæлттæ æмбырдтæ Куыд кодтой мæныл. Æз хъазыдтæн дуртæй,— Хуыздæр хъазт кæм и! Куысты та æппæтæн •Фæзминаг — мæ ми. Æз арæзтон аив Æлыгæй хæхтæ, Æз арæзтон аив Æлыгæй бæхтæ. Æз уарзтон нæ кæмтты Тъæбæрттæй тæхын, Мæн ма-иу æййафæг
Кæм уыди зæххыл! Сентябр-иу æрхаста Дзæнгæрæджы цагъд, Нæ фыццаг урокмæ-иу Уадыстæм тагъд. Гыццыл чызджы фарсмæ Мæ бадæн уыди, Куы-иу систон сагъæс: «Цæмæн мæ хъуыди?..» Нæ ахуыргæнæгмæ Æхсысти мæ маст, Æппæты фæстæ-иу Фæзындтæн æваст... Хъæмæ-иу ыскодтои Мæ уроктæ хорз, Ыстæй-иу мæхицæн Ыссардтон æмвос. Уый киномæ сайдтон, Дзырдтон æм лæгъзæй: «Мæ къухы дæр чиныг Нæма уыд, уæллæй...» Мæ цæстытыл уайы: Мæ дзоныгъæй хъазт, Куыд бырыдтæн хохмæ, Сæгуытау æмраст. Зымæгон изæр-иу Уым цал арты сыгъд! Нæ ногдзаутæ с’ алварс Уыдысты æвзыгъд. Æгомыг бæрзæндтæ Сæ зардæн — фæндыр; Йæ азæлд ын хъуыста Нæ дæлвæз-быдыр. Фæмысын, Фырхъалæй Æз фистæгæй уæд Куыд ацыдтæн Хъаспмæ, Куыд н’ ардтой мæ фæд... Мæ хорз мад, мæ бæстæ, О, ме ’схæссæг фыд, Чысылæй ыстырмæ Г)!
Дæуæй дæн рæвдыд! Куы ссыгъди мæ хъуырыл Дæ галстучы арт, Гъеуæд дын салдатау Æз бахордтон ард... Мæ урс мæргъты балтæ Нæма федтай ды, Нæма кæнынц ахстон Мæ сæрыхъуынты; Мæ тæрныхы уæле Иæма фæзынд чырс, Уæддæр-иу фæмысын Мæ рагазты чыр. Мæ къух сæм фæтилын: «Фæлæуут-ма цъус Æмæ мын æриут Дæрдбалцы фаг рухс!..» Æрмæст мын хъыг уый у: Мæ мад æмæ фыд Чысылæй мæ хуызæн Нæ федтой рæвдыд. Цы кæнæм! Æвзонгад, Уадз, махæй цæуæд! — Уыдзæн та йæ фысым Нæ уарзон цæуæт! Хорз хъуыддæгтæй царды мах цы радтæм, Уый æвзопгдзипад фæхонынц адæм. Зæрдæйы цæхæр, быцæу ныхæстæн Уайтагъддæр фæвæййы, дам, сæ рæстæг. Адæймагыл, дам, куы цæуой бонтæ — Ферох вæййы, атæхы йæ сонтад, Схъыг вæййы йæ балцы даргъ фæндæгтæй, Нал фæдары хъус ыстыр хъуыддæгтæм. Суæзбын вæййы, алырдæм ныннæрсы. Кадмæ, ’фхæрдмæ иу цæстæй фæкæсы. Алкæйы дæр цай цымынмæ хондзæн, 62
Чи у знаг, кæнæ лымæн — нæ зоидзæн... Кæд мæныл æцæг гъеуый æрцæуа — Уæд фæлтау мæн абон цард нæ хъæуы. Ахæм бонтæм ма фæцæрон, ох-хай! — Раппарон фæлтау мæхи æз хохæй! НЫХАС ЦАДАСÆ ГАМЗАТЫЛ I Хъыгзæрдæ æнæнымд у, уастæн, ныссæфа. Дæу мысын, æрмæст дæ дæ нывты æххуысæй Нæ мысын, мæ фыд. Искæй аив æрмадзæй Кæд бацыд нæ хæхты дур-мрамор дæ хуызы, Уæддæр мæн дæу мысынæн уый сæр нæ хъæуы, Дæ цæсгом уынынæн дæ нывтæ нæ къахын. Куы фенын æз урссæр фысгæсы нæ хъæуы, Уæд базонын уайтагъд дæ цæсгом, дæ бахудт. Кæсын æз нæ адæм — мæ уарзон фысыммæ, Нæй уымæй мæ фыдæй мæ зæрдæйæн хъауджы: Мæ фыд уыд нæ адæмы фаззон æфсымæр, Нæ адæмы кад æмæ фидæнæй хайджын. II Куы ’рцыдис уалдзæг, уæд, мæ фыд, кæм дæ? Куы ацыд уалдзæг, уæд, мæ фыд, кæм дæ? Фæвæййы рухс бон, хуры цæст ныххуыссы, Фæлæ уæддæр афтид вæййы дæ хуыссæн. Нæ хæдзары, дæ уд кæм систай, уым Нырмæ дæр нæу æндæргъуызон дæ къуым. Дæ дзаумæттæм ыæма фæтчы æвналын, Мæнæн та сæм мæ бон кæсын дæр нал у... У стихты том дæ къухæй иу ран гом, Йæ бакæсын куы нал баци дæ бон. Йæ фарсмæ сыф æрдæгфыстæй — дæ уаты. Цы йыл фыст ис, уый къæсæрæй нæ хатын. 63
Кæд мæ пæ кæсын алы бон фæфæнды, Уæддæр æм æз æртæ азы нæ уæндын. Дзырдтай-иу: «Ма ’внал къухфыстмæ æвастæй»,— Æмæ дæ фæдзæхст фехалынæй тарстæн. Ныр дæр уæдау тæрсын, æмæ мæ хъустыл Цыма фæуайы де ’схуыфт, йе дæ дзурын: Æвæццæгæн, дæ рис фæлæууыд цъустæ, Дæ фыст фæуын дæ бафæндыд мæ цуры. III Сабийы зонд раст кæсы йæхимæ, Сабитæ дæр адæм ысты, диссаг! Загъта мын мæ чысыл чызг Фатимæ, йе ’нгуылдзæй дæ ингæнмæ æвдисгæ: «Сабырдæр, дадайæн ды йæ риссаг Ма фæцагай, райхъал уыдзæн науæд...» Уый фæстæ ма фезмæлын дæр бауæнд, Йе га йын йæ ныхасыл фæдис кæ. Æтт, мæ цонг куы ахауид, æрмæст ма Ды, мæ фыд, куы райхъал уаис искæд. Аууонау уæд зилин æз дæ фæстæ, Дæу, æвдадзау, алы сонæй хизгæ. Æз æндæр хорз не ’рдомин мæ цардæй, Айсæфид мæ зæрдæйæн йæ риссаг. Ныр лæууын дæ уæлингæн æнкъардæй... Адæм дæр хæрзсабитæ сты, диссаг! IV Нал дæ ды, фæлæ мæ цæстыл уайыс, Ме ’стыр хъыг мын раздæрау фæкайыс. Мысын æз: нæ уæлхæдзар та бадыс, Мæн дæ хус, фæлмæн къухæй рæвдауыс. Мысын, мæн дæ хъуынджын кæрц, дæ арм, Пиллон артау, кодтой гъеуæд хъарм.
Мысын æз: нæ къуымы бадыс ды Иунæгæй, мæстджын æмæ æнкъардæй, Иу хæххон йæ усы ’рцавта кардæй, Дæу æфхæрды маст райсын фæнды. Мысын ноджы: урсзачъе лæг, саулагъз, Цъус гуыбыр, фæлæ нырма рæсугъд лæг Бакодта йæ цыргъ зонды æрдаг лагъз, Адæмыл та бахæцыдис худæг. Уайыс ды мæ цæстытыл зæрондæй, Гъе уæддæр ма де ’взонг уд — æхсыст. Уайыс ды мæ цæстытыл: бæрзондаей Хур фæтулы, цадæг æм кæсыс. Фенын дæ мæ цæсты раз æнкъардæй, Сагъæсгæнгæ, йе та райгæ цардæй, Денджызы был бадгæйæ æнцад, Ирд цæстæй нæ хæхтæм кæсгæ дардæй, Гъе æрмæст дæ никуы фенын мардæй: Ау, дæуæй дæр ахицæн ис цард?.. МÆРГЪТÆ Мæн-иу хъæдмæ сæрдыгон куы схаста мæ къах, Уæд-иу заргæ мæ размæ цыдыстут сымах. Мæн уæ цъыбар-цъыбур-иу хъал кодта сæумæ. Хъуыст æхсæв дæр уæ «дзиу-дзиу» æнæсцух мæнмæ. Фæндыд рагæй, нæ цъиутæ, куы уæм радтин фарст: Цымæ алкæд цы ’вдисы уæ хъæлæба уаст? Кæд, миййаг, уым уæ уарзты бæллицтæ зæгъут, Кæнæ авдæны зарæг æмдзыхæй кæнут, Æви зарут уæхицæн бæрæгбоны гимн? О, зæгъут мын, зæгъут мын уæ сæнттæ, уæ цин! Уый уæ «дзиу-дзиумæ» дæттæн фæтынгдæр сæ хъæр, Хур рæдаудæрæй калы сызгъæрин цæхæр. Бæлас дидин æфтауы — уæгъдибар, фæндон. Урс фынк калы раст фурдау дыргъдзæхæрадон. Æз уын уе ’взаг нæ зонын, уæ диссаг ныхас. 5 Дагъистайнаг зæрннгуырдтæ 65
Уæддæр агайы зæрдæ уæ зæлгæ хъæрахст. О, мæ уарзон, мæ мæргътæ, уæ лымæн куы дæн,— Критик арæх сымах тыххæй фаудта-иу мæн. 0, цæйбæрц цæфтæн бабыхст уæвгæдæр мæ сæр — Зæгъгæ, зарыс, дам, дидинтыл, мæргътыл æгæр. О, сымах ныр куыд сурон мæ зарджытæй, уас, Кæд у мæргътæй йæ тæккæ дзаг урссæр Кавказ. Кæд мæ сабыр фыдызæххы алы къуымты О, уæ диссаджы фæндыр æнæнцой цæгъды! Уадз, мæ мæргътæм мын хъуса мæ гуырæн бæстæ — Ам, нæ хæхты, Мæскуыйы, Уралы фæстæ! Уадз, æхсæв дæр, уадз, бон дæр, сæуæхсидыл дæр Æдзух уайæд нæ хъустыл сæ «дзиу-дзиу», сæ хъæр! КЪÆВДАЙЫ ФÆСТÆ Ыскæуы саби, фæлæ йæм æруайы мад — Æмæ та худы ноггуырд й’ авдæны æнцад. Кæс-ма, Куыд у гъеуыйау кæрзыты сыфтæр: Фæскъæвда уынджы даргъ бæлæстæ цудынц. Сæ цæссыг кæд нæма ахус, уæддæр Сæ сыфтæртæ нæ хурзæринимæ худыиц... Æмæ та кæмтты дугъгæнаг дæттæ Сæ зарæг, зæлгæ, ног мыртимæ сисынц. Ашуг дæр афтæ у: Йæ фæндыры тæнтæ Иæ ноггуырд зарæгыл хъæрæй нырризынц. Кæс-ма, кæс, æрдзмæ! — Диссæгтæ фæци йæ ног æхсад рæгъты тыбар-тыбурæй,— Цыма ныннадта буц чызг суадоны йæхи, Фæлæ æххæст нæма асур и хурмæ. * * Фæцæйцæуынц адæм дæ иувæрсты сабыр, Нæ уынынц, нæ хатынц дæ рæсугьд æппын. Цы уыл æрцыд, адæм, куыд баистут саугуырм,— Куы зониккат, æммыст, мæ цæстæй кæсын. 66
СÆДÆ ЧЫЗДЖЫ КÆНЫН ÆМУАРЗТ Сæдæ чызджы кæнын æмуарзт, Вæййынц мæнимæ алкуы, Сты мæ фын, мæ хуры хъазт, Сты мæ цæстыгагуы. Мæ зæрдыл рагуалдзæг лæууы, Мæ зæрдæ йемæ дзуры: Уæд федтон райгуырæн хъæуы Æз иу чызджы æд дурын. Цыма йæ дурынæй уыди Чысылдæр, афтæ мæм зынди. Уæд æм ныджджих дæн æз, ныджджих... Цы дон хаста — уыди хæрзих, Фæлæ мæ басыгъта йæ зынг. Мæ уæнгты ахъардта уый тынг! Ныр мысын æз фæлмæн æнгас... Ныр дæр æй цас уарзын æз, цас! Ыстæй та сæрд, зымæг зылдтæн, Цыма сæ гæс нæ уынгтæн, — Æз иу чызджы фæдыл цыдтæн, Хæстæг дын æм .уæндыдтæн?! Кæс, æмæ та йæ рæзты цырд Къуыдипхуызæй æруайын, Нæ хауы, нæ, мæ дзыхæй дзырд, Фæлæ æз тайын, руайын. Нæ тулдзæй арæх уыд мæ каст Сæ рухс рудзынгмæ ал-бон, Кæд мæм фæзындаид æваст Сæ уæладзыгæй й’ аууон. Ныронг дæр уый кæнын фыдуарзт, Мæ хъысмæт йемæ баст у, баст. Нæ балц уыд иу чызгимæ дард, Уыд махæн иу нæ купе Æмæ нæ уæнгты ссыгъди арт Нæ зæрдæты æмгуыппæй. О, стыр бузныг дæуæй, кассир, Кæй уыд мæ бынат йемæ. Уыдыстæм уыимæ æмсир, Иу — не ’нгас а дунемæ. Г>7
Куы уыдаид нæ бадт, нæ цыд Æнæкæрон, Мæн уый фæндыд. Мæнæй нæу иу сау рæсугъд рох, Нæ ацыди мæ хъуыддаг... Цы уыди, уымæй уый уыд тох, Уый ме ’мдзæвгæтæ скъуыдта. Уæд иу цъæхдзасты мидбыл худт Мæ зæрдæйыл æмбæлыд, Уæд иу цъæхдзаст уыдис мæ уд, Уый ме ’мдзæвгæтæй ’ппæлыд. Мæстыгæр чызджы уарзын æз, Хуымæтæг чызджы уарзын æз, Тызмæгхуыз чызджы уарзын æз, Æвæлмаст чызджы уарзын æз, Хæрзхудæг чызджы уарзынæз, Хæрзхивæнд чызджы уарзын æз, Стæй коммæгæсы уарзын æз, Æппæт горæтты уарзын æз, Æппæт фæндæгтыл уарзын. Нæ институттæн уарзын æз Сæ зæххон мæйты хъазын. Сæдæ чызджы кæнын фыдуарзт, Кæй фылдæр, уый нæ зонын,— Сæ алкæй дæр æдзухæй раст Мæ удыгага хонын. Фæтар дæ рухс цæсгом дæуæн, Ды фестадтæ, фæкарз дæ: «Уæдæ сæдæйæ иу æз дæн? Куыд нæ йæ зыдтон раздæр!..» Дæттын ын дзуапп: æмбар, уæдæ, Ды иунæгæй кæй дæ сæдæ, Сæдæ чызджы хуызы мæнæн Кæй дæ мæ хъысмæты тæмæн!.. Куы згъордтон хъæугæрон сæрддон Изæр нæ рындз, нæ фæзты, 08
Уæд дурыны уæхимæ дон Ды скъæфтай, ды, мæ рæзты. Дæ фæдыл сахары зылдтæн, Æнæ дæу ма лæууыдтæн? Дæ фæдыл арф кæмтты цыдтæн, Фæлæ хæстæг уæндыдтæн?.. Дæ зæрдыл ма лæууы, стæй тагъд Мæскуымæ мах поезд куы тахт? Мæ зæрватыкк, ныр зон, уæдæ: Сæдæ чызджы æрмæст ды дæ! Дæ риуы мын сæрд и, зымæг, Ис худын, сагъæсты тызмæг. Куы фестыс уазалдзаст, куы мын Æлхынцъæрфыг — дæ бакаст, Куы та дæ тавицæй уынын, Хæрзкоммæгæс — дæ ахаст. Æз-иу дæ фæдыл систон дугъ, Дæуыл-иу систон зарын. Цы дæ-иу бахъуыд, уый æдзух Фæндыди мæн ыссарын. Хызтыстæм ахæм хæхтæм уæд> Кæм бадынц урс æврæгътæ, Мах алы горæттæм хъысмæт Ыскъæфта цырд йæ бæхтыл. Сæдæ чызджы каёнын фыдуарзт, Кæй фылдæр, уый нæ зонын,— Сæ алкæй дæр æдзухæй раст Мæ удыгага хонын. Сæдæ чызджы æмуарзт кæпын — Сæдæ хатты дæумæ бæллын. ДÆ ГУЫРÆН БОН Кæм ма уадзы фыдсыл дымгæ йæ ниуд, Кæм ма ныууагъта иунæг къуым æнæсгæрст. Нæ фæрссæгтæм уый сарæзта йæ риу, Нæ хæдзæртты ’хсæн митхъæпæн ныллæсгæр. 69
Раст тъæнджымæйы райгуырдтæ ды дæр> Æвæццæгæн нæ æрдз ныры онг сайы, Уый нæй, уæд ма кæд ысдардта йæ сæр Дæлмитæй уарди, уый зымæг кæм зайы?.. Ныр зонын, дидинæг Кæй æрзайы зымæг дæр, Зæрватыкк фидиуæг Кæй æруайы зымæг дæр. ГУЫРДЗИАГ ЧЫЗДЖЫТÆМ Æз ард хæрын поэты номæй абон: Гæдымитæй мæм не ’ссардзыстут лаз. Ыстæй, миййаг, «Æз-лæгдæры» сæраппонд Куы нæ дзурын гуырдзиаг фынджы раз. Хæххон бадты уаг у зындгонд æппæтæн: Рæгъ рауадзæгæн бирæ бартæ ис,— Цæйбæрц арæхса, Уыйбæрц ын æмбæлттæ Йæ фегæр сидтыл дис куыд кæной, дис... Фæлæ мæнæн æмдзæвгæтæй нæу афтæ, Гуырдзиаг хуртæ, Бавдæлын мæ хæс... Мæ зæрдæмæ куы хизут арфæй-арфдæр, Æнæ сымах куы нæ фæразын æз. Цинандалийы сæн-денджызты хъазтæй Уæ нæлгоймæгтæн Разилы сæ сæр... Фæлæ мæнæй уый срасыг ис уæ кастæй, Кæд нозтæн æз фæразон дæн, уæддæр. Лæгсырд мæ схонат, Хъаспийæн йæ тынгмæ Цæуон уæ фæндæй уый фæстæ æппæрст, 1»
Фæлæ уæ никуы рауадзин æз уынгмæ, Куы нæ уой хорз уæ цæсгæмттæ æмбæрзт. Хъуыраныстæн, нæ хъазын æз, Фæбæллын, Фæбæллын уымæ а мæйрухс изæр, Кæй зæрды ис уæ иуимæ æмбæлын Раст Къуары был, бæрзонд обауы сæр. Кæддæр мюридты барджыты фæлтæртæ Сымах Æварстæй махмæ фесты хаст. Ныр мысут, мысут уе ’нусон æфхæрдтæ, Лæгау мын фестут, Райстат мæ уæ маст. Цы мын бакуыстат? — Карз ыстут, æгъатыр! Цæй хæст?..— Æрмæст уæ зæдæнгас уындæй Уæ уацар баци а лæппу — хъæбатыр, Уæ имынæт мæ рахонут, ныр, цæй! Куыд æрæнцайон иучысыл мæ рыстæй, Куыд нæ зæгъат: — Цæййаг лæг у, цæййаг?! — Скæндзынæн уыл ног хæххон фæлысттæ, Скæндзынæн уæ каДджыты сæйраг. Уынгæг кæмтты уæ хондзынæн мæ фæдыл,-— Дагъистан уын Дзæнæт нæ фестдзæн, цы! Цæрдзыстут дзуæрттау не ’врæгъты гуылфæнты, Авайрагау цæудзыстут уым чындзы. Мæ кадджыты уæ ссардзæни гуырдзиаг, Фæлæ йын уый, - Нæ уыдзæн, зонын, хъыг. Авайраджы Уæ сæрхъуызой зæрдиаг Нæ ныфф^тсдзсрип скъæфджыты рæнхъы. 71
Уадз, уый æнцад Хъуыды кæнæд йæхицæн, Кæддæр куы бырста лекъты къорд æхсæв, Гъе уæд сæ зæдты нсджыты фæдисæн Кæй тахтаид йæ барджыты æхсæн... Стъалытимæ хæхтæ сты æмдзæрин. Гуырдзиаг чызджытæ, • Бамбарут, æцæг: Æз дæн уæ уацар, Коммæгæс фæсдзæупн, Æз дæн уæ цагъар, — Хъаспы был цæрæг. Уæ сау дзыккутæ фыны дæр фæуынын, Уæ талас ныхас ацахсы мæ хъус. Фæлæ уæм хурмæ тырнæгау кæй тырнын, Уый, курын, хъуамæ ма зона мæ ус! Æтт, æмдзæвгæйы иу рæнхъ куы фестид, зæгъын, Ныр мæ сагъæстæй алчи, мæ мæт! Фестид чиныг мæ уарзт, æмæ зонын, зæххыл Уый ас чиныг иæ разынид уæд. Уыцы чиныг нырма у æнæнтыст, тæнæг,— Уый ыстæм хатт фæфыссын æрмæст. Уарзон, демæ куы фæбадын, уыцы рæстæг Уымæн раттын, куыд уарза мæ цæст? * Фæззыгон уад кæрдæджы ихæнæй домы, Уый дидинтыл, хъомвосау, къахæй цæуы, Æмæ æз мæхинымæр бакодтон сомы, — Куы ма барон дидинты искуы дæуыл.
Джафаров Абумуслим ДАГЪИСТАН Цъæхснаг зарæг айзæлы дардыл Дæ рæсугъддзинадыл, дæ цардыл, Дæ ивгъуыд тар бонтыл, дæ бартыл, Дæ хъару, де ’хсарыл, Дагъистан! Цъæх дарынц дæ рæгътæ, дæ фæзтæ, Дæ кæмттæн, налхъуытау, сæ фæстæ Æрттивынц дæ хæхтæ, мæ бæстæ, О, дидинæгкалæг, Дагъистан! Цы загъдæуа науæд дæ дæттæй, — Фынккалгæ ызгъорынц дæ кæмттæи. Сыгъдæг уæлдæф уайы дæ хъæдтæй, Мæ зынаргъ, мæ уарзон, Дагънстан! Æмбисбон, кæнæ та изæры Æхсндгæ фæллойы цæхæры Фæндыры цагъд ал-хатт фæнæры Дæ амонд, дæ цытыл, Дагъистан! Куы стынг вæййы рог кафт нæ хъазты, Уæд кæстæр уым уазæгæн расты; Хæххон адæм нал хауынц масты Кæддæры фыдбонтау, Дагьистан! 73
Кæд базмæлой уады къуыззитмæ Дæ хæхтæ, уæд уадындзты ’хситтмæ — Нæ райгуырæн бæстæйы сидтмæ Ды сыстдзынæ тохмæ, Дагъистан! ЛÆВАР Мæ хæлар нывгæнæг лæварæн Ыскодта фæлгæнцтæ мæнæн: Уым федтон нæ рындзты цъæх арæн, Уым федтон нæ хæхты тæмæн. Ленк кодтой уым æврæгътæ дардмæ,— Куы урс-урсид дарынц, куы сырх. Æвзистхуыз æхсæрдзæнтæн арвмæ Сæ донгъуыз рыг комæй ыспырх... Æддæдæр хъæдын хид æртасыд,— Æркъæдз и, тæссонд у, тæссонд. Фæлæ йын дыууæ галы ласынц Уæззаугуыффæ хохаг уæрдон. Йæ фале сындз къутæрты рæхыс Æрæмбæрзта зæххы цæсгом. Фæрсы мæ мæ хæлар: — Цы зæгъыс? Цы зæгъын у уымæй дæ бон? Дзуапп радтон: — Ныббар мын, фæлæ мын Хуыздæр ныв ысчынди, хуыздæр. — Цы фæци? — фæсырх и, фæуæзбын, Æфсæрмæй æруагъта йæ сæр. Фæхуыдтон уæд рудзынгмæ ’мбалы: Нæ митсæр къæдзæхтæм-ма кæс, Бæрзондæй тæмæнтæ ыскалынц, Автобустæй байдзаг и фæз... Бетон хидтæ донмæ нæ тасынц, Хъæдын хидау не ’стытæссонд. Хæзна сыл уæзласæнтæ ласынц: Ныррухс сты хъæутæ — хæрзксшд; 7,4
Кæс, бамбæрзтой сæрвæттæ фосæй, Уым мæргътæн тъæллангдæр — сæ зард. Цы нæ дзы ыссардзынæ хорзæй! — У бæстæ бæрæчетт, бæркад. Æмбисонды нывыл фæкуыста йæ зондæй æндæр лæг, æмбар: Уый Ленин мæн тыххæй ныффыста Æмæ мын æй радта лæвар! ГАУЫЗУАФДЖЫТÆ Урс хæхтыл фескъуыд дыдзы хуры тæлм, Бафьшæй бæстæ. Быдырты сæрмæ та абадти фæлм. Сабыр — хъæубæстæ. Цардæфсæст сабиты хъæлдзæг уынæр Банцади раджы. Сауцъиу ма базарыд, сауцъиу кæмдæр Тар хъæды таджы. Гауызтæуафæн бынаты ма ’рмæст Чызджытæ бадынц. Хъуысы сæ цъæгъæдзты ’мхуызон дзæхст-дзæхст — Гауызтæ уафынц. Баталынг, гъе, фæлæ цырæгъты ирд Мæйдарæй хъазы. Чызджытæ февналынц æндæхтæм цырд — Хуыссæг сæ н’ахсы. Гауыз нывæфтыд у, гауыз — ыстыр, Рухсмæ æрттивы. Иу зарæг ахицæн, аннæ та ныр Иннæйы ивы. Тар æхсæв ахицæн, арфæйаг бон Рухс тынтæ луары. Бæстæ та барухс и, барухс и ком. Не ’нцайы зарын: 75
«Æз гауыз ме ’рдхордæн куы уафын, йæ нывæфтыд — мæ риуы гуырд. Йæ фæлмæн фидар быд æндах ын Мæ судзгæ уарзтадæй ысчынд. Æз гауыз арвитдзынæн дардмæ: Сыбыр, æндæр бæстæтæм, зæгъ,— Нæ номдзыд Хуссармæ, Цæгатмæ — Кæмдæриддæр мæхи у зæхх. Æхсырф, дзæбуг — нæ нывы уыдон Ныууагътой хуры тынау фæд. Ныр чи у цардбæллон, æрыгон — Мæ гауыз уын хæлар фæуæд! Мæ гауыз дары сырх, æмгæрттæ, Цæй, исчи йын йæ ныв зæгъæд! — Уадз, урс бæлон мæ хорз хæлæрттæм Мæ рæсугъд гауызæй тæхæд». ФЛЕЙТÆ Кæйдæр хъæлæс ныййазæлыд уæлвонгæй, Æмæ та зарæг алырдæм тæхы: Зæронд фиййау флейтæ райста ногæй, Æрцыд, ныллæууыд рухс уалдзæг, зæгъы. Уый фескъæры йæ фосы дзугтæ хæхтæм: — Бæрзонд рындзтæй нæ быдыртæм кæса; Æнцад æвнала урс-хъулон æврæгътæм Æмæ нæ бæстæн царды хос хæсса! Æрцæгъды уый: хъызт зымæджы æхтæигты Фескъуыдта хур, цъæх-цъæхид их ныммур. Магъз бацыди ныр гокъотæн сæ зæнгты, Цæст не ’ххæссы нæ рæгъæуттыл, мæ хур. Ыстынг къæбæлдзыг уæрыччыты уасын Æмæ фиййæутты цагьдимæ ысиу. Цыма, фæсхохы чындзæхсæвы хъазын, Кæсы мæм афтæ: цинæй дзаг — мæ риу.
Цытджын фнййауæй колхоз у сæрыстыр,— Нæ хæхбæсты ма ахæм лæг ыссар! Уый зонынц кæмттæ, цъититæ, лæгъз быдыр. Нырма йæ уæнгты — бирæ тых, æхсар! Хæххон чызджытæ се ’мбисонд фæндыртæй Фиййауы зарæг хъæлдзæгæй кæнынц; Сæ риутæ ссудзынц зарæгæн йæ ’мыртæй Æмæ йæм ал-хатт хъусынмæ цæуыиц. Мæн та йæм хъусын арæхдæр фæфæпды; Хæдзармæ мæ нæ фæхæссы мæ къах: — Уый зарджытæ мæ усы фыд нывæнды, — Ыстæм сæрыстыр ахæм фыдæй мах.
Казияв Али Да?ъастаны адсемон поэт ÆГАС ДÆ ДЫ, МАХАЧ! Дыууæ дугæн уыдтæн æвдисæн, Сæ иу уыд талынг, сау мылаз, Дыккаг — советон рухс Цæдисæн йæ райдайæн — æвддæсæм аз. Лæууы ма абон дæр мæ зæрдыл Дыууæ дугæн сæ хъæбысхæст — Сæ тохы зынг бадт хæхты сæртыл, Тар кодта сау фæздæгмæ цæст. Ыстдæсæм азы карз рæстæджы Æз. федтон иу сæрдыгон бон Хъæбатыр, номдзыд раздзæуæджы, Уый уыд Махач — ныфсджын хæстон. Шурийы фæзы — бирæ адæм. Цыди сæ хъæлæба ныхас. Махачы хъæлæс айхъуыст дардыл, Æмæ фæхъус ысты æваст. Йæ дзырдтæ зæрдæмæ хызтысты, Р1æ дзырдты Ленинон ныфс уыд. Хæххон дзыллæ ыссæст уыдысты, Фæлæ сæм тохы ныфс фæзынд.
Æмæ цыдыстæм уæд æд гæрзтæ, Хъуыст кæмттæй гуыпп æмæ гæрах. Нæ бæхтæ тахтысты цæргæстау, Махач æппæты разæй тахт. Зын уыд дæуæн, Махач,— æмбарын,— Уæддæр уæлахизимæ цыдтæ. ’ Æдзух нæ партийы æхсарæй Нæсæттон карз хæсты уыдтæ. Æрыгон, цардхъуагæй фæмард дæ... Рæсугъдæй баззади дæ ном. Кæрон нæ уыдзæнис дæ цардæн; Махачкала — дæ рухс цæсгом. Цыма нæ колхозон быдырты Нæ фарсмæ алы бон вæййыс. Ныр дæр цыма дæ рухс хъуыдытæй Фæисæм зонды амынд, ныфс. ÆХСАРДЖЫНТЫЛ ЗАРЫН Зынаргь та куыннæ у лæгæн уæд йæ цард? Уæддæр æй Фыдыбæсты сæрыл æрхæссы, Фыдыбæстæ махæн — нæ ныййарæг мад, Нæ, уымæй зынаргъдæр нæм цард дæр нæ кæсы! Фыдыбæсты тыххæй, о, чи кæна тох,— Æнустæм йæ буц ном нæ бауыдзæн тары. Тæппудæн куы вæййы цæргæйæ дæр рох, Тæппуд та нæ адæмы фыдæх ыссары. Хъæбатыр дæр уарзы йæхи уд, йæ цард, Æмбары зындзинад дæр, ноджыма тас дæр. Уæддæр æй нæ уромы карз хæсты арт, Ныббырсы фыдгулмæ æппæтæй дæр раздæр. Тæппуд та фæбыры раст калмы хуызæн, Йæ æдылы къоппа фæсвæдты фæласы. Æгад вæййы ахæм суанг бинонты ’хсæн, йæ уарзон дзы иуварс хи айсы. 79.
Куы барвита минæвар чызджы фыдмæ йæ хæстæг, йæ хуыздæр æмгæртты, Фыд-дзурдзæн: «Чындздзон чызг куы нæ ис мæнмæ, Уæ къах дæр куыд нал уа дыккаг хатт мæ кæрты!» Лæджы ном кæуыл ис, у уымæн йæ хæс: Уа раззаг уый тохы, уа раззаг куысты дæр. Гъе ахæмæн раттин æнæвгъауæй æз Мæ зæрдæ, мæ дыууæ цæсты дд?р! НАРТХОРЫ НÆМЫГ Æз нартхоры гага дæн. Хуымгæнды ныббарынц мæн — Рухсмæ сдарын уæд мæ сæр: Æз цъæх-цъæхид фестын сæрд. Дымгæ узы мæн сындæг. Æз цæттæ вæййын фæззæг. О, куыд адджын вæййын æз, Уымæй колхозонты фæрс — Алы фынгыл дæр бæззын, Мемæ царды хос хæссын. Хорз зылд мæм куы ’рцæуы, куы, Диссаг вæййын уæд, бæгуы; М’ алы ’фсир вæййы зæбул,— Бакæс æм: цыма хъæбул. Адæм ыл фæкæнынц дис: «Уæртæ йын цы бецыкк ис!» Скæ куысты дæхицæн зын, — Уæд дывæр тыллæг дæттын! УАДЗ, ЙÆ ЦÆРÆНБОН УÆД БИРÆ! «Рæстуд лæгыл нып хорз цæуæд», — Фæзæгъын æз мæ зарды. 80
Нæ чысыл, рæзинаг цæуæт Уæнт амондджын сæ царды. Зæххыл та цин-хъуыддаг æрцыд, Цыма ныл хур æрбакаст,— Мæ хорз сыхæгтæн райгуырд фырт, Фырыхъулау — йæ бакаст. Мæ арфæ сын нæ уыдзæн хъыг. Ц’ и сабитæй зынаргъдæр? Йæ фæстæ райгуырæд-иу чызг, Гъе стæй уæд афтæ дарддæр. Фæнды мæ, алы аз дæр сын Рæсугъд фаззæттæ гуырæд. Сæ царды макуы фенæнт зын, Сæ амонд ма уæд урæд. Мæ ныхас, уаих уон, ныддаргъ. Нæ ног гуырдæн куывд хъæуы, Æмæ æрхонæм уырдæм мах Чысылæй, стырæй хъæуы. Фæнды мæ рагацау зæгъын Нæ уарзон буц фысымтæн: «Æлгъин куы разынат, уæд уын Нызмæнтдзыстæм уæ къуымтæ». ...Ныр бадæм дзаг фынджы уæлхъус. Хæрд, нозт — æппæт нæ цуры. Æз хистæр дæн, мæ сæр — сæнтурс, Æмæ дзырды бар курын. — Дæс æмæ ’ртиссæдз азæй мыл Цæуы фылдæр, куы дзырдтон,— Гъеуæддæр ацы ног зæххыл Фæстæмæ сдæн æрыгон. Æз ацы ног гуырды уæлæ Уынын мæ сонты бонтæ — Мæ зæрдæ суынгæг и, уæллæй,— Уый амонд у зæрондæн. 6 Дагъистайнаг зæриигуырдтæ 81
Нæ ног гуырд сиды мæм цыма: «Цом, мемæ рæгътыл рахæт». Уый федта боны рухс нырма, Æз та цæрыи дыккаг хатт. Æрмæст ыл рацыд кæд къуыри, Уæддæр ыстæм æмгæрттæ. Мæ уæнгты бирæ æхсар и, У базырджыи мæ зæрдæ. Мæ ас лæджы ас уыд, куы ’рцыд Нæ хæхтæм дуг — советон. Æмæ Октябры фæрцы Бæстьтл æцæг цард федтон. Цы бонтæ дардтой-мæн æлхъывд - Куы цыдтæн царды рухсмæ, Гъеуыцы тухитæй нæ гуырд Уыдзæнис цух æнусмæ. Нæ лæппу уæд, уæдæ, нывджын, Нæ лæппу уæд цæринаг. Хъаруйæ, зондæй уæд тыхджын, Йæ хъуыддæгтæ — фæзминаг. Йæ мад, йæ фыдæн дæр зæгъын, Куыд уой æдыхст, æнæмæт. Гъе ахæм сабитæ ма сын Куыд райгуыра æнæмæнг!
Капиев Эффенда # # * Æз хæссын мæ риуы зынг, Хъæды чи тауы мæлæт, Фæлæ кæд, нæ зонын æз, Фестын кæндзæн мæн фæнык. Айнæг хæхтæ халæг уад Æз мæ цæстыты хæссын. Фæлæ кæд, нæ зонын æз, Уый ныддæрæн кæндзæн мæн. * # # Кæрддзыхыл цыдтæ, зыдтон, Уæд зыдтон, кæй уыдтæ уым, О, сырхсин гæды рувас! Фæлæ уæд нæ зыдтон æз: Алы цуанонæн дæр ды Тынг æнцон æрцахсæн дæ. Æз куы хатыдтаин, дæу Нæу фæуацар кæнын зын, Уæд рæвдз райстаин мæ топп, Сивтыгътаин æй цæрдæг, Стæй егæрттимæ цæуын Спстаин дæ фæд-дæ фæд. 83
Уаргæ бон сæумæрайсом Ма рахизуæ къæсæрæй: Дæу мæ егар басурдзæн Рувæсты рæсугъд æнхъæл. Уадызмæст мæйдар æхсæв Ма рацу уæ ног тыргъмæ: Хуыснæг дæу фæхондзæни Диссаджы рæсугъд дугъон. * * * Сонт уарзтæй кæй судзæм, уый, Ме ’мгар, амонды хос нæу, Кæд нæ зæрдæтæ ысты Фурдæй хицæнгонд хæхтау. Ехх, нæ дыууæйæн ыссар Афтæ баиуы фæрæз, Хотыхты куыд кæнынц иу Топпыхос æмæ нæмыг! Æз дæуыл куыд уынгæг дæн, Уый мын цинады хос нæу, Кæд мæн æмæ де ’хсæн ис Денджыз денджызы фæдыл. Ехх, нæ дыууæтæн ыссар Афтæ баиуы фæрæз, Раст куыд иу кæнынц фæсхæст Хохаг хъама ’мæ кæрддзæм! * Иудадзыг æрмæст дæуыл Цæгъд фæндырæй æмæ зар,—
Кæд æвзист бæлас дæ ды, Кæд æз къала бæлас дæн. Иудадзыг æрмæст дæуæн Кæн лæггад, дæ фæдыл зил,— Кæд ныр ды сызгъæрин дæ, Кæд æз та æфсæйнаг дæн. * * # Фæлæ æз куыд уарзын дæу, Афтæ мæ куы уарзис ды, Уæд сæрддон æнтæфы дон Фестид цъенга их, бæгуы. Фæлæ æз куыд уарзын дæу, Афтæ мæ куы уарзис ды, Уæд зымæгон хъызты их Адарид кæрдæгæй цъæх. Де ’рфгуытæ ысты дæуæн, Хъамайыл фыстытау раст. Хъамайыл куы ’ртæдза туг, Уый хуызæн дæ былтæ сты. * Мæ зæрдæ налмасæй Сыгъдæгдæр уыдис, Фæлæ мæ ныууагътай, Мæ уарзон, мæ хур. Æз, тасгæ-уасгæйæ, Хæрзкондæй цыдтæн, Фæлæ мæм фæтигъ дæ, Мæ дыккаг зæрдæ. Дæ къахдзæфтæ барстон Мæ къахдзæфтæй æз, 85
Сырды фæдыл цуанон Раст афтæ цæуы. Гъеныр дæ куы фенын — Фæлидзыс мæ дард, Фæлидзы ма афтæ Йæ цуанонæй сырд. Æцæг уарзт, æцæг уарзт, Куыд тыхджын дæ, куы! Ды иутæн дæ цинæн, Мæнæн та — мæтæн! Уæлæ хохæн йæ цъуппыл Æз мæ цæссыг фæкалдтон, Æмæ къæйтыл æрзади Истамбулаг сырх уарди. Дард, зæрин Ираваны Иу цæргæсы цæф лæппын \Æз мæ тугæй фæхастон, Æмæ сахуыр и цуаныл. Оххай, хохæн йæ цъуппыл Истамбулаг сырх уарди Иу æнæхайыр сау лæг Ныр йæ къахæй ныссæста. Оххай,. цуанон цæргæс та Дард зæрин Ираваны Ныр кæйдæр хъалы армыл Саст, пырх базырæй бады. ЗАРÆГГÆНДЖЫТЫ ЕРЫС Фыццаг зарæггæнæг Уый цы у, зæгъ-ма мын, уæларвæй цы ’рцауыгъд? Фыды ныхас хурау кæй зæрдæмæ хъары? Уæд къухæй та къухмæ æдзухдæр цы цæуы? 86
Дыккаг зарæггæнæг Уый уарын æрцауыгъд бæрзонд арвæй зæхмæ; Фыды ныхас хурау йæ хорз чызгмæ хъары; Уæд къухæй та къухмæ æхцатæ фæцæуынц. Фыццаг зарæггæнæг Уый цы у, цы баззайы доны та хусæй? Цымæ уæд зæххы бын цы нæ кæны згæ та? Зæгъ, йе ’фтуаны иунæгæи цавæр маргъ бады? Дыккаг зарæггæнæг Уый хуры тын базаайы доны дæр хусæй; Зæххы бын сызгъæрин нæ фæкæны згæ та; йæ æфтуаны иунæгæй зæрдæ ис, ме ’мгар! ХЪАЙТАРЫ ЗАРÆГ Уый æнæмæнг у: ныййардта Дæу æндонсæрстæй дæ мад. Уый æнæмæнг у: нывæрдта Уæд дæ авдæны дæуæн Цирхъ, болатæй цирхъ дæ фыд. Лæг, æхсарджын лæг, хъайтар лæг Ды дæ райгуырдæй фæдæ. Тутт-тæппуд лæгты фыдæнæн Дæу ысфæлтæрдта дæ фыд. Бирæгъты сæ фæстаг къæхтæй Быдыры æрцахсыс ды. Цæргæсты тæргæ уæлбæхæй Фæтæнты æрцахсыс ды. Искуы дыл, зæгъгæ, æрталынг, Зæхх дын фесты уæд гобан. Арв æвзистæй хуыд хъæццулау Ды æрытауыс сындæг. 67
Æтт, фæдисы хъæр фæцыдис,— Баппар æфсургъыл дæхи Æмæ уай хæстмæ дымгæйау, Калм дæ ехс у, дои — дæ бæх! Ды цы,байрагыл ысбадыс, Фесты уайтагъд уый æфсургъ. Ды куы февзидыс дæ ехсæй, Уæд æрвæрттывдау вæййы. Иугæр тохы дуг æрцыдис, Уæд, дæ болат кард — ыссад, Уайыс де ’знæгтæн сæ размæ, Иунæгæй вæййыс æфсад. Æтт, уынгæджы бон æркодта, Уæд дæ хъыримаг — цæттæ, Де ’знæгтæ куы уой æрдзæтæ, Гъе уæддæр лæууыс ныхмæ. Мурмæ сæ нæ дарыс хæсты: Цалынмæ дæ сау цырыхъхъ Тугæй не ’свæййы йæ хъуырмæ, Ды уæдмæ фæкæныс тох. Оххай, сызгæ сты дæ гæрзтæ, Де ’фсургъ уаргъхæссæн ысси... Дæу — хъайтар лæджы — Сыбырмæ Паддзах ахаста тыхæй. О, хотыхы нæмыг, Ссардтон дæ м’ адзал! Фæлæ-иу куы уыдтæ Æдзухдæр мæ уацар. Куыд уæзз-ау дæ, сау зæхх! Куыд уæззау дæ, сау зæхх!
Фæлæ дæ йæ къæхты бын Надта мæ хъал бæх! Фæтых мыл ис, м’ адзал, Дæ уазал фыдох-бон. Фæлæ дыл æз царды Æлдариуæг кодтон. 6АТЫРАЙЫ ФÆСТАГ ЗАРÆГ Зарын ма кæм у мæ бон, Кæд æмæ мæнæн мæ гуыр — Назау чи уыди хæрзконд — Уый ныкъкъæдз æлæтау ныр, Цыма халасæй — кæрдæг! Зарын ма кæм у мæ бон, Кæд æмæ мæ хъал зæрдæ — Уарийы фæлтæрд зæрдæ — Азты сагъæстæй нымпылд, Азты фурды цæххæй сфыхт! Зарын ма кæм у мæ бон, Кæд æмæ мæ цыргъ æвзаг Ныр ыскъуымых ис бынтон, Ныр ыскъуымых ис бынтон, Цыма стыр тохы — джебогъ! Зарын ма кæм у мæ бон, Кæд мæ цæсгомы мæйтыл — Кæд мæ сау дыууæ цæстыл Иудадзыгдæр бады мигъ, У мæ развæндаг мæйдар! Зарын ма кæм у мæ бон, Кæд мæ къабæзтæ ысты Риссы згæ рæхыстæй баст, Цыма Волгæйы уæнгтæ. Ихæй — æртхъирæны мæй. Зарын ма кæм у мæ бон, Кæд æмæ æрцыд мæныл 89
Рæстæджы тыхджындæр уад, Кæд æмæ сæ сæрыхил Фестади æнусон мит! Кадджытæ кæнынмæ уæд, О, куыд дæсны уыдтæн æз! Хорз-иу сфæлдыстон мæхи, Райстон-иу мæ хæцæнгарз Æмæ нагъылимæ мæн Чи ’мбылдта æвсургъ-бæхыл! Уæд уыдтæн уæгъдибар æз, Цыма стыр сæрвæты — уырс, Къæхты бын ыссæстон æз Уаллонау, зæххыл цы уыд. Бассæстон лывдзæгау цард, Цыма стыр сæрвæты — уырс. Цæй, ныр ма куыд зарон æз, Кæд ысбырста мæн фыдниз, Кæд æмæ мæлæты тас Къуыммæ баппæрста ныр мæн, Цыма сидзæры кæрц дæн! Ехх, Омары Батырæй! МАРИАН (Скъуыддзаг) Зынг зæрдæйы сагъæс, зынг зæрдæйы хъæрзт Куы фехъусис абон, хæхбæстæйы арв! Мæ удæн йæ катай, мæ удæн йæ мæт Дæхимæ куы айсис, хæхбæстæйы мигъ. Кæй тайын, кæй руайын æппынæдзух æз, Уый радзур æппæтæн, хæхбæстаг дымгæ! Мæ риуы кæй байдзаг æгъуысгæ цæхæр, Уцй къæдзæхтæн радзур, хæхбæстæйы хур!
Мæн къорды рæнхъыты æдзæрæг’рындзтыл Куыд федтой, уый радзур, сæрыстыр сæгуыт! Æгъуыссæгæй хъæды æз цоппай кæнын. Нæ мæ феныс фыны, рæсугъдты рæсугъд? Писмотæ фыссынæн гæххæтт ис дзæвгар, Фæлæ дæм мæ писмо фæхæссæг куы нæй. Æнæ дæу мæхицæн нæ арын бынат, — Æз иудадзыг сырдты фæфæрсын дæуæй. Кæй зылдтæн дæ фæдыл, гъе уый тыххæй æз Мæ адæмы астæу æмбисонд фæдæн. Æцæгæлон зæххыл ыстæры цæуын. Кæцы ран уыдзæнис мæ адзал, мæгъа... Цы дыл сæмбæлд, уагæр? Ныхъхъус дæ... Цæмæн? Куы нæ ис дæ кой дæр, куы нæ ис хабар! Дæ къух дын куы райстон, куы загътон: «Хæрзбон!.. Уæдæй нырмæ, оххай, мæймæдзог ысдæн... Фæсиды мæм хуыссæг: ды ма кæн фынæй, Дæ уарзоны н’ арыс — цырагъдарæй лæуу! Цъæх айнæг лæгæты дзæгъæлгæнæг сырд йе — ссардзæн йæ мæлæт, йе — ссардзæн фæндаг. Хъызт зымæг фæхъуызы,* ныр — уалдзæджы рад: Йе — ссардзынæн м’ адзал, йе — ссардзынæн дæу. Мæ цæстытыл уайы: хæрзарæзтæй ды Ысхизыс, ысхизыс дæ тыргъмæ æнцад. Зынгхуыстты æгасгæнæг улæфты тых Мæ риуыл æмбæлы, æмбæлы æхсæв. Хæст бафтауы номдзыд къаролты мæтыл, Сæ хъысмæтыл сисынц фæдисы хъуыды.
Мæныл та мæ рухс цард куы тар каены ныр, Фæлæ ма куы бæллын æрмæстдæр дæумæ... Кæй цæсгомыл н’ андзæвд зæрин хуры тын, Æвæдза, куыд фæнды мæн уый фенын, куыд! Дæ арæхст, дæ фæлмæн, дæ аив ныхас... Æвæдза, куыд фæнды мæн уый хъусын, куыд! Тæхуды, мæ разы куы февзæрис ды, Уæд цъити дæр фестид дæ уындæй цъæх нæуу! Тæхуды, тæхуды, ныхъхъæбыс дын кæн, Мæйдар дæр уæд бонау ныррухс уид, ныррухс!.. Мæ сау къухтæй чи стахт, гъе уыцы мæлхъ мын Мæ зæрдæ фæхаста; æз — цард-монцы арт... Æмбæхст мæйты мæй мын йæ фæрнæйдзаг марг Мæ риуы хъæдгомыл куы тадзы æдзух... Уæззау мын у хотых, æппарын æй æз. Цы кæнон? Цы зæгъон? Куы басаст мæ ныфс... Мæ саргъæй, мæ бæхæй ысхъыг дæн бынтон. Мæ мысын дæ фæдыл — æнусмæ æфтыд... Кæцы ран дæ н ’агуырдтон, ахæм ран нæй, Æнæ дæу мын дуне зындон у, зындон. Цы гакъонвæндæгтыл æрæвæрдтай къах, Гъе уыдон рæстудтæн уæлæуыл — дзæнæт. Кæцы ран нæ уыдтæн уырыссаг зæххыл! — Мæ сагъæс æрмæстдæр дæуыл уыд, дæуыл. Уæд та ма куы ссарин дæу æнгæс хуызист — Гъе уый тыххæй раттин мæ >д дæр, бæргæ. Æз базары гуылфы хъуымæцтæм кæсын. Кæд уыдоныл исчи ыскодта дæ ныв... 92
Æз театрты къултæм æдзынæг кæсын, Уым хъахъхъæнын къамтæн сæ астæу дæ къам. Æнхъæлдæн, ыссарын æз нал зонын, нал,— Куы никæцæй зыны дæ сурæт мæнмæ. Миййаг дын нывгæнæг кæд кодта дæ ныв — Фыруарзтæй æрдæгыл фæцыдис йæ зонд... Нæ уыдаид уый дæр! Цæстдзыды тæссæй Дæ уатæй æрмæстдæр фæкæсыс æхсæв... Æз алкæм фæзылдтæн — æз не ’ссардтон дæу, Æгас дуне афтид куы фестад мæнæн... ХОЧБАР Авайраг цытджын ханæй барæг æртахт, Уый номдзыд Хочбары Хунзахмæ кæны. — Цы зæгъыс, ныййарæг, Хунзахмæ цæуон? Чындзæхсæвмæ хоны мæн абон Нуцал. — Нæ хъæуы, мæ хъæбул, о, ма ацу, ма, Нуцалы налатыл, о, ма баууæнд ды! Хочбар ын дзуапп ратты: — Æдзæугæ мын нæй. Кæннод мыл фæхуддзæн, зон, чъизи Хунзах. Кæннод мæ Нуцал та ысхондзæн тæппуд. — Кæд нал ис æдзæугæ, — ныккæуы йæ мад,— Дæ хуыздæр æвсургъыл саргъ сæвæр, мæ хур, Дæ зынаргъдæр хотых ды ахæсс, мæ хур. Нуцалæн лæварæн саулохаг хъæуы. Æхсинæн налмасджын цæнгдарæн хъæуы. 93
Сызгъæрин чыссæтæ — йæ дыууæ чызгæн, Нæ хаст гал ын атæр, æнæмæнг, куывдæн. Нуцалæн лæварæн ыссардта саулох. Æхсинæн налмасджын цæнгдарæн — цæттæ. Сызгьæрин чыссæтæ — йæ дыууæ чызгæн. Сæ хаст гал хъæугуывдæн — ыскъæрын æввонг. — Цæй, рахæсс-ма, не ’фсин, мæ бæлццон фæлысл Цæй, рахæсс-ма, не ’фсин, мæ хæцæнгарз ды. Æз цалынмæ тагъд-тагъд рæвдз кæнон мæхи, Уæдмæ мын мæ бæхыл куы авæрис саргъ, Ыстæй мын æгъдынцойыл иуцъус фæхæц, Ыстæй мæм ысбадынмæ иуцъус фæкæс. Гъе, афтæ фæндагмæ куы сифтонг Хочбар, Уый араст сæумæйæ Хунзахы рæгътæм. — Салам дын алейкум, авайраг Нуцал! — Гидатлинаг Хочбар, алейкум салам! Æгайтма, фæзындтæ, Авайрæгты знаг. Мæ фысвосы бирæгъ — сæ куынæггæнæг. Æри-ма дæ дугъон, æри-ма йæ тагъд, Æрцæттæ йын кодтон хъæбæрхор дзæвгар. Æри-ма дæ хъримаг, æри-ма йæ тагъд. Сызгъæрин зæгæлыл æрцауындзон уый. Хочбар дын йæ бæхæй цытимæ æрхызт, Æгъдау ын лæвæрдтой, цыма уыд æлдар. Ыстæй йыл æгæнон фæсдзæуинты къорд, Хъыргъытау фæстейы ныццавтой сæхи. Æмæ йæ рæхыстæй ысбастой дæсæй, (Æмæ дын æй дзыхъмæ нысхуыстой æваст. 94
Хунзахы фидиуæг ныхъхъæр ласы уæд: — йæ фыд уæ кæмæн фæхъуыд — асæттæд суг! Йæ фырт уæ кæмæн фесæфт — ссарæд сæнар, Йæ лæг уæ кæмæн фесæфт — рахæссæд зынг. Æвзæргæнæг Хочбар нæ къухы ис ныр, Ыскæнæм ыстыр арт, Уым басудзæм уый! Йæ фыд сæ кæмæн фæхъуыд — асаста суг, Йæ фырт’сæ кæмæн фесæфт — ссардта сæнар, Йæ лæг сæ кæмæн фесæфт — рахаста зынг, Ыскодтой ыстыр арт Хунзахы хæрды, Ысцырен. Хочбармæ’ фæсидынц ыстæй. — Цом ирхæфсæм «ногбоны» артмæ нæхи. — Æмæ уæд æз уемæ цæуынæй тæрсын? Æмæ уæд æз артмæ цæуынæй тæрсын? Чысылæй, ыстырæй уыд адæм æмбырд, Куы бараст и артмæ æхсарджын Хочбар. Уым, худгæйæ, разæй лæууыди Нуцал, йæ фæстæ æдзæмæй — фæсдзæуинты бал. — Хæстæгдæр, хæстæгдæр-ма рацу, Хочбар, Мах аныхас кæнæм, æркæсой нæм, уадз! — Æмæ дæ, æмæ дæ цæмæй тæрсын уæд?! Æмæ дын æз ногæй цы зæгъдзынæн уæд?! — Ды, чи зоны, махæн ныззарай, Хочбар,— Дæ зарджыты намыс куы нæры дæрдтыл. — Бæргæ уын ныззарин мæ зарджытæй иу, Чагана мæ къухы куы дарин æнгом.
Мæ уæнгты баст исчи куы райхалид, уæд, Æз талынг зæрдæтæ ныррухс кæнин уæд. — Цæй, райхалæм уымæн йæ къабæзты баст Æмæ нын ныззара,— Фæсивæд зæгъынц. — Нæ, уыцы лæгсырдæн гъе уый дæр у цъус, Ысбæттут æй тынгдæр, — зæрæдтæ зæгъынц. Уæд фæсивæд ногæй фæхъæр ласынц: -Ау, Нæлгоймæгтæ не ’стæм? Æгъдау нæм нæй, Куы нæ йæм ис хотых, æххормаг куы у. Сымахæн ма уацар цы хъомыс уыдзæн? Нуцал дын разыйы тылд бакæны сæр, Хочбарæн дын райхалынц йе ’уæнгты баст. Хъайтарæн чагана куы раттынц цæрдæг, Хунзахæгтæ иууыл ныхъхъус вæййынц уæд. — Уый афтид бæрзæндтæ мæ размæ лæууынц, Фысвос-иу нæ тардтон гъе уырдыгæй, цы? Уый афтид дæлвæзтæ мæ размæ хуыссынц, Рæгъау-иу нæ тардтон гъе уырдыгæй, цы? Кæсын, æмæ сидзæртæ уе ’хсæн уынын, Сæ фыдæлтимæ сын нæ тох кодтон, цы? Кæсын, æмæ устыты уе ’хсæн уынын, Сæ хъæбултимæ сын нæ тох кодтон, цы? Сымахæн æз диосæгтæ равдисин ’уæд, Мæ фарсыл та ногæй куы уаид мæ кард. Æмæ та йын уайтагъд æрбаскъæфынц кард, йæ саст кард ын фехсынц йæ къæхты бынмæ. 96
— Мæ коммæгæс цыргъ кард, æз хъахъхъæдтон дæу. Æнаккаг хунзахæгтæп аккаг фæдæ. Сымахæн æз диссæгтæ равдисин уæд, Гъеныр мæ куы уаид мæ хъыримаг, уæд. Æмæ та йын уайтагъд æрбаскъæфынц топп, Р1æ саст топп ын фехсынц йæ къæхты бынмæ. — Уыд кадджын нæ фæндаг, мæ рæстдзæф æмбал, Æнаккаг хунзахæгтæн аккаг фæдæ! Сымахæн æз диссæгтæ равдисин уæд, Мæ уаддзыд æфсургъыл куы абадин, уæд... Æмæ та йын уайтагъд æрбакæнынц бæх. йæ бæхæн йæ зæнгтæ цыргъ кардæй — лыгтæ. — Мæ дугъон, Ды бафыстай хорзæй дæ хæс, Фыдгултæ дзынæзтой дæ сæфтджыты бын. Ныр ханæй нæ курын, нæ курын хатыр, Мæ зæрды цы уыдис, уый бакодтон æз. — Гидатлинаг Хочбар, зæгъ-ма нын ды, зæгъ: Ды бирæ ныццагътай Хунзахы фырттæй? — Зынгхуыстты йæхæдæг нымайæд Нуцал,— Сæдæйы гæрзтæ дзы мæнонтæм ысты. — Гидатлинаг Хочбар, зæгъ-ма нын ды, зæгъ: Хунзахæгтæй цал бæхы атардтай, цал? — Цæйбæрц уын уыдысты — уæхæдæг хынцут,— Хæлæрттæн дзы раттон æртыгай бæхтæ. — Гидатлинаг Хочбар, зæгъ-ма нын ды, зæгъ: Хунзахæгтæй цал галы аскъæрдтай, цал? — Цæйбæрц уын уыдысты — уæхæдæг хынцут,— Фæлæ сæ фынддæс хъæуæн байуæрстон æз. 7 Дагънстайнаг зæрингуырдтæ 97
— Гидатлинаг Хочбар, зæгъ-ма нын ды, зæгь: Хунзахæгтæй цал фысы аскъæрдтай, цал? — Цæйбæрц уын уыдысты — уæхæдæг хынцут,— Фæлæ дзы нæ мæгуырты бафсæстон æз. — Гъеныр ма Хочбары ыскафын кæнæм. Уый, уадз æмæ, адæмы ирхæфса хорз. Йæ мæлæты размæ гъе уыцы фыдгуырд Мах бахъæлдзæг кæна йæ арæхстæй, уадз. Æрцагътой фæндырæй, æрцагъта гуымсæг, Ныннæрыд, ныннæрыд хунзахæгты ’мдзæгъд. Уым каст æмæ мидбылты худти Нуцал,— Гуылф-гуылфгæнаг арты цур кафыд Хочбар. Æртæ хатты сиргæйæ дардыл æрзылд, Нуцалы сывæллæттæм байста йæхи. Нуцалы дыууæ фырты раскъæфта уый, — Уый цæхæры баппæрста семæ йæхи... — Ныббар мын, ныббар мын, хъæбатыр Хочбар! Зæгьгæ дын нынниуы æнахъæл Нуцал. Мæ сабитæ сæфынц, о, дзыллæ! Фæдис! йæ боцъотæ тонгæйæ сидти Нуцал. — Æппæт дæр æз ферох кæндзынæн, Хочбар, Мæ исбоны хицау ысуыдзынæ ды. Гъенырæй фæстæмæ цард бархи уыдзæн. Æрмæст мын мæ хуры фæрдгуыты æри. —Зон, нал сæ фендзынæ, æдзæсгом Нуцал. Лæвар дын нæ радтон, нæ радтон мæ сæр. Дæ хуызæн цъаммартæй нæ курын хатыр, Мæ зæрды цы уыди, уый бакодтон æз. 98
Нуцалы хъыбылтæ, цæй, сисут хъыллист! Фæлидзæн уын нал нс мæ къухæй æппын. Хъæрдæрæй ныдздзыназ, Æлгъыстаг тæппуд! Нæма у, нæма у мæ рихи бынсыгъд! Фæссихормæ хъæуæй фæндырдзагъд цыди. Хунзахы зындоны куы бахауд Хочбар. Зæрдæхалæн марой æнæнцойæ хъуыст: Нуцалы хъæбултæ куы фесты зынгхуыст.
Рабаданов Сулейман ЧЫНДЗÆХСÆВ Али у абон буц æмæ сæрыстыр, йæ фæрныг хæдзар уазджытæй у дзаг. йæ кæрт нын фестад хъазæн фæз—цъæх быдыр,— Ис уырдæм абон алкæмæн фæндаг. Бæзджын махсымæ кæхцыты æхсиды, Æртасыд зæхмæ минасæй сæ фынг. Хъæубæсты хистæр кæстæртæм фæсиды. Фæрнæйдзаг кæрты зилгæ кафт ыстынг. Кафт ивы кафты, Зилахары донау, Фæндыры зæлтæ, зарджытæ тæхынц. Кæсут ма — диссаг! — Хуры тын, бæлонау Æрбахызт хъазтмæ сахъ фиййауы чындз. Салдаты кафтыл цæстытæ нæ хæцынц. Йæ къайы хуызæн кафæг дæр дзы нæй. Æфсæрмхуызæй сæм чызджытæ куы кæсынц Сæ сау цæстытæй æрфгуыты бынæй. 100
Хæххон рæсугъдтæй цæстытæ нæ исынц Æвзыгъд лæппутæ — уадæмдых фæлтæр. Цæмæндæр хъазты се ’уæнгтæ ысризынц, Сæ риуты ссудзы уарзтады цæхæр. Æрмæст дыууæйæ кафынмæ нæ хизынц, Фæлæ сын абон уайдзæфгæнæн нæй,— Сæ уæззау цæфтæ хаттæй-хатт ысриссынц Æмæ сæ хъæрзын уромынц зынæй. Цæмæй чындзхасттæ арæх уой хъæубæсты, Цæмæй нæ зæхх уа дидинтæй æмбæрзт, Бырстой-иу уыдон уый тыххæй зын хæсты, Уæд сæ ныууагъта æнæ зæнгтæй зын хæст... ПИСМОТÆ Сæ иутæ сты æнцон кæсæн, Рæсугъд фыст. Уынын сыл æз дæ рахиз къухы фæд. Зæгъ, иннæтæ цæмæн ысты æнæхсæст, Кæд се ’ппæт дæр дæхæдæг фыстай, уæд! Сæ иутæй мæм кæд айдæнау фæзыны Мæ æрыгон, æрттивгæ бонты таг, Уæд иннæты мæстæлгъæдæй фæуынын Мæлæтдзаг хæст, уæззау тохы фæндаг. Сæ фыццæгтæ цæйбæрц зынаргъ уыдысты! Фæлæ уæддæр, мæ зæрдæдарæн, зон, Дæ галиуæй цы писмотæ фыст сты, Сты мын уыдон адджындæр, мæ бон. МÆЙ ЙÆ ТЫНТÆ ХÆХТЫ СÆРМÆ ЛУАРЫ Карпаты хæхты сæрмæ луары Æвзистæй ахуырст тынтæ мæй. Æхсæв у. Булæмæргъ нæ зары Кæны Коломйа фынæй. 101
Æрбайхъуыст доны уынæр дардæй. Æз та, мæ гуцулаг сæгуыт, Дæуимæ Пушкиныл хæларæй Кæнын уырыссагау мæ дзырд. ÆХСÆВ Дæ сау нымæт нæма райтауыс арвыл, О, тар æхсæв, ды афтæмæй хæссыс Дæ тар цæстæнгас не ’стыр зæххыл дардыл: Цы дзы арыс, цы хæрзтæ дзы уыныс? Миййаг, кæд фурдтæ, Йе урс тенка къæдзæхтæ, Кæнæ хæххон тызмæг суадæтты дугъ? — О, нæ! Æз фенын уым нæ дуджы стыр дзæбæхтæ, Уынын дзы, лæг, æз де ’стыр куыст æдзух. Уый аивта æгас зæххæн йæ цæсгом, Уый сарæзта æрвон тыгъдадмæ хид. Æмæ ныр арв фæкæсы уымæ ’рвылбон: Куы зонид дзурын, уæд истытæ зæгъид...
Рамазанов Бадава УАРЗОНДЗИНАД Æнæкъæмдзæстыгæй мæ хæс У дзурын ууыл абон. Цæстытæ фенын бирæ æз: Кæм ис хъынцъым, кæм — амонд. Нæу мартъи-бонау уарзт, хъæлæкк, Нæ ивы хи дæс хатты. Нæу дидинæг, кæнæ кæрдæг — Нæ ризы дымгæ, уадæй. Уый чи хоны хынджылæг, хъазт — Фæсайд вæййы фыдæнæн. Нæ, ничи балхæндзæни уарзт, Гъестæй йын нæй уæйгæнæи. Нæй уымæн аргъ, нæй уымæ лаз — Уадз, маст ныхилæд риумæ. Æппæт — æмхуызон уый хæдраз; Уым цин, хъыгдзинад — иумæ. УРС УÆРЫКК Цъысцъысæгтæ лæнчы кæм уасынц, Кæм кæны цæугæдон сæр-сæр,- 103
Уым урс уæрыкк, кафгæ ’мæ хъазгæ, Ызгъордта мæ фæдыл кæддæр. Кæрдзыны фæлмæн ын лæвæрдтон, Йæ фындз ын мæ къухæй сæрфтон. Мах уыимæ нозтам æнтæф бон Къæдзæхрæбын цъитийы дон. Ызгъордта-иу фахсыл æгас бон, «Кæд бафæллад»,— кодтон ыл мæт,— Æз-иу æй мæ хъæбысы хастон Изæрæй нæ хæдзармæ уæд. Уыдис-иу æврагъæй уый рогдæр, Уыд урс-урсид, миты хуызæн. Мæ зæрдыл æрбалæууыд ногæй — Куы дæ федтон къудзиты ’хсæн. Чындздзон дæ... æрбайхъус мæ дзырдтæм: Ис хохы бæрзондыл мæ хъæу. Фæнды мæ, куы фæхæссин уырдæм Мæ хъæбысы иуахæм дæу! МАД Йæхи нымбæрзта сау хъæццулæй астым. Нынниуы дымгæ хъæдæй хæхты ’хсæн. — Бабамæ цом, — Ысдзырдтай ды хъыгдзастæй... Фæраст кодтам мах хæхтырдæм æхсæв. Фыдæлтæй баззад Уыцы æгъдау рагæй, Æмæ хæцыдис ууыл тынг мæ мад. Мæ фыд мæнæн Йæ мæрдты даргъ фæндагыл Цæстысыг махæй домдта хаттæй-хатт.. Æмæ цыдыстæм Мйдæхсæв нæ балцы,
Фæсте фæуагътам сау айнæг къæсæр. Æнхъæлдтон æз: Мæрдтæм мæ фыд кæд бацыд, Цыма уый рухсмæ Рацæуы уæддæр. Къойсуйы былыл Иу тæссар лæсæны Æз федтон сагъдæй урс къæйдурæй цырт. Мæ фыд фæмард ис Змæст доны гуылфæны, Æмæ ныгæд дæр Ацы ран æрцыд. Фыдгæнæг дон Ысхъиудта дурты сæрты. Мæ мад ысдзырдта: «Фест, мæ хур, Цæуæм». Æмæ цыдæртæ ингæныл æвæрдта, Цыма мæ фыдæн ’ххуыс ысты мæрдтæм. Сыгъдис ма дурыл Сойын цырагъ, кафгæ, Фæлæ фæхуыссыд дымгæйæ бынтон. Мæ фыды цард дæр Ахуыссыд гъе афтæ,— Цæй бæрц адæмты ласта ацы дон! Цыдтæ, мæ мад, Нæхимæ ды фæстæмæ. Хылдтæн дæ фæстæ Тухитæй уæззау. Уырзæй ысгæрстай Къахвæндаг нæ хъæумæ, Фæлæ уыд æхсæв рагон дугау сау... Цыппар сабийыл уыд дæ мæт æдзухдæр. Къæбæры мурыл Кодтой-иу цæрддзу.* ÆхЛ’ормаг зст æнкъард цæсты дæ къухмæ 10р
Кæрдзынæнхъæлæй Кастысты æдзух... Куы-иу æрцыд Æмбисæхсæв — кæркуасæн, Уæд-иу кæугæйæ Фехъал дæн æваст. Дæ арм мын-иу Æрывæрдтай ды базæн. Рæвдыдта мæ, Ныййарæг мад, Дæ уарзт! Уыдтæн æдылы.— Сонт саби цы ’мбары,— Ныббар мын, о, Нæ бамбæрстон рæхджы Дæ тухитæ нæ сыджытсæр хæдзары. Мæн æлгъитын дын Абон дæр фæтчы! Фæлæ та ногæй Федтон дæу дæ тыхсты... Цыдис уæд хæст, Мæлæтдзаг хæст æргом. Дæ лæппуйы Ды карз тохмæ æрвыстай, Нылвæстай йæ дæ хъæбысмæ æнгом. Бæрæг у, Хæст сывæллæттæ нæ ары, Кæнæ хæдзæрттæ Н’ аразы, миййаг,— Уый рæзинæгты Арты хуылфмæ ’ппары, Ныййарджыты фæкæны уый мæтаг. Æмæ дæ фырт Хъæбатырæй фæмард и, Йæ рухс ном баззад Стыр нæмтты рæгъы. 106
Фæлæ йæ кæстæр Ног хъуыддæгтæ царды Ныр аразы уæлахизæй Зæххыл! Нæ хох йæ хæзна Мин азты æмбæхсы, Ыссары йæ Дæ кæстæр фырт уæддæр. Йæ къæхты бын Æрмахуырæй фæлæсы Къойсу,— Æррайау нал цæуы йæ хъæр. Мæ фыды цырт Ныр дæр ма ис йæ былыл,— Æвдисы урс дур Тар бонты æлгъыст. Хъæддаг сырдæн йæ тугæйдзаг дзæмбытыл Дæ лæппутæ æрыздыхтой рæхыс! ФИАЛКÆ Æрцыд та уалдзæг, Æмæ дидинджытæм, Дыв-дывгæнгæйæ, мыдыбындз фæзынд. Фиалкæ, о, мæ фиалкæ, кæм мын дæ? Æнхъæлмæ дæм æппынæдзух кæсын! I Лæудзæн дæ зæрдыл: Къахвæндагыл коммæ Æд дурын ды æрцæйцыдтæ кæддæр. Дзырдта дæм сахъ гуырд: «Сау рæсугъд, о, дон мын», Стæй бафтыдта: «Кæм фендзыстæм изæр?..» Дæ мад æнхъæлдта: «Бафæстйат кæмæдæр 107
Мæ чызг нæ сыхæгтæй, Æндæр кæм и?» Æнхъæлмæ кастæ лæппумæ,— Фæстæдæр Сæ рудзынгыл хъуызæгау рахызт уый. Æмæ цыдыстут сабыргай фæсвæдты. йæхи æмбæрзта сау пæлæзæй зæхх. О, уаихаг! — Цæмæн цыдтæ кæддæрты Ды йемæ хæхты къахвæндæгтыл, зæгъ?! Ызгъордта суадон къæйдурты æхсæнæй, Хуыссыд фиалкæ къахвæндаджы раз. Уæ лæуд цæмæн уыд, — Дзурут-ма,— æдзæмæй, Уæ иуæй дæр цæуыннæ хауд ныхас? Фиййауы уадындз рагъы сæрæй цагъта, Йæ фос — фынæй... Мæй арвæй каст... Уæ уæлæ — иу нымæт, гъе афтæмæй сымах та Лæууыдыстут,— уый уыд æнæмæнг, уарзт! Цæмæн-иу хæлдтат рагон æгъдау,- уастæн, Цæмæн уæ ферох и, цæмæн, шариаты фыст? Йæ судзгæ мондæгтæ Цæмæн æвдыстат уарзтæн, Кæрæдзийæн цæмæн ныккодтат Ба, хъæбыс?.. Æрцыд та уалдзæг... дидинæджы сæрты Куы кæны зилдух мыдыбындз, уæдæ! Дæ сау лæппу цæмæн кæсы æфхæрдæй? Йæ фиалкæ, Цы йын фæдæ, кæм дæ? II Уæд иухатт уæ кæрты рæсугъд фæлыст бæхтыл Фæзындысты усгуртæ — хъалхуыз, уæндаг.
Æрбаластой семæ æвзистхахх тæбæгътæ, Æппæт къуымтыл апырх и сойы ысмаг. Сылгоймæгтæ скъæфтой сæ къухты фæйнæрдæм Хæрзад лывзæ,— кодтой хъæлæба, ныхас. Æрхастой дын уазджытæ алы лæвæрттæ: Сырх-сырхид басмахътæ, Ысгæллад хъуымац. Зындгонд уыди рагацау^хъуыддаг дæ мадæн, йæ зонд уыдис мулкыл кæддæриддæр хæст. Дæу суадоны донмæ уый фервыста дардмæ, йæ уазджытæм уалынмæ 'Рныкъуылдта цæст. Фæзындтæ фæстæмæ уæхимæ æд дурын, Æрхастай сыр-сыргæнаг суадонæй дон. Æрбадын дæ кодта уый хинæй йæ цуры, Æрцыдис дæ къухыл уæд къухдарæн конд. Дæ чындзы цæуыны нывджын бон æрхæстæг... Фæцæуыс уæ уынгты æнкъардæй сындæг. Фæлæ дын дæ сых та «æгас цу»-йы бæсты Куы зæгъынц «æгайтма ыссардтай ныр лæг». Уæвгæ дæр, кæугæйæ, дæу хордта уæд катай, Хуыссæг дæ нæ ахста, Æвдæрзта дæ маст. Гъеуæддæр дæ рохтæ фæстагмæ ды суагътай, Сырх-сырхид басмахътыл фæуæй ис дæ уарзт. ...Чындзæхсæвы сахат чындзхæсджыты хъæрмæ Ныццæлхъ кæны уадындз, Гуыпп ласы гуымсæг. Гъе уыцы фыдæхсæв йæ уаты къæсæрыл Йæ ног усмæ бахызт æнæуарзон лæг. III Дæ цард дыл, о, ахст уæрццау уалынмæ растад, Дæ мой. кæд хъæздыг уыд, фæрныг уыд, уæддæр. 109
Раст сидзæр сæныккау дæ сау лæппу баззад, Æнæ дæу — Æнæкъалиу хусгонд сыфтæр. Æмбæрста, фæстæмæ дын раздæхæн нал ис... Йæ зæрдæйы баззадис рагбонты фæд. Æхсæв-иу дæ сурæт йæ цæстытыл уадис, йæхи-иу куы ’руагъта йæ хуыссæны, уæд. Фыдæхсæв уыд йе ’хсæв... Къойсуйы уынæрмæ Тызмæг æмæ ’нкъардæй уый дардта йæ хъус. Тамакойы фæздæг бадт мигъау йæ сæрмæ, Æрттывта йæм дардæй дæ цæсгомы рухс. Кæд ферох уид сагъæс, уыд ууыл йæ тухæн, Куысты мидæг ирхæфста алцæуыл хи. Цыфæнды-иу кодта — йæ уарзт-иу æдзухдæр Раст аууоны хуызæн йæ фæдыл цыди. Арахъхъ æмæ карз сæн уый хосæн æвзæрста, Дзæгъæлы сыл сæфта йæ царды рæстæг: Æхст гилдзыты хъузджытау зæхмæ æппæрста Лыстæгхъуыр цъæх æвгтæ кæрæдзи фæстæ. Уый бирæ сылгоймæгтыл фембæлд фæстæдæр, Сæ былтæн сын батæ нæ кодта æрмæст. Уыдис ын дæ буц ном æппæтæй хæстæгдæр, Дæу ферох кæнынæн нæ ардта фæрæз... Кæрæдзийы сургæ фæцыдысты азтæ... Фæфæнд кодта иу бон, мæгуырæг, æваст — Мæгуыргурау бацыд... Æрлæууыд ныфсхастæй Дæ хæдзары дуармæ... Æнхъæлмæ дæм каст. Дзынæзта, хъæрзыдта... Ысхъуырмæ йæ зæрдæ, Æнхъæлдта: фæзындзæн кæддæры чызгай. Сæ зыланг æм райхъуыст ыстыр уæззау дуæрттæн, Фæлæ цымæ чи ракаст? — Ау, уый ды уай? 110
Йæ разы æрлæууыд хæдзары ’фсин, къухы — Егъау гуыдыр... хъалæй, тызмæгæй кæсы. Цыдæр дзаума голладжы сабыргай тухы, Цыдæртæ йæ дзыппы æфснайы, тъыссы. Нæ лæппу куыд загъта: «Цæй, лидзон фæстæмæ», Раст афтæ йæ зæрдыл æрлæууыд æваст Рынчын æмæ ахст цæргæс, фæлæ æддæмæ Сæрыстырæй арвы цъæх быдырмæ каст. Æмæ ма фæстаг хатт дæуырдæм фæкасти, Кæд фенид кæддæры цæстыты æрттывд. Фæлæ уый дзæгъæл уыд — дæ цæстытæй, растдæр, Æцæгæлон адæймаг касти фæлывд. Куыд æй фæндыд фенын йæ рагон чызгайы, йæ даргъ дзыккутæй-иу кæй ахста кæддæр, Кæимæ нæ зыдта æппындæр фæллайын йæ фосы хæдфæстæ бæрзонд рагъы сæр. Куыд æй фæндыд фенын, æртæхджын сæрвæты Бæгъæввадæй чи уагьта диссаджы фæд. Ысхъарм-иу ын кодта йæ къæхтæ куырæтæй, Ба кодта йæ куырæтæн сусæгæй уæд. Уыдис-иу æмхуызон уæ хъуыды, уæ фын дæр... Ыстъалы-иу арвæй куы рахауд бынмæ,— Йæ фæдыл-иу згъордтат, Фæлæ-иу фæцыдæр — Ныххаудта-иу доны æнхъизгæ хуылфмæ. Кæм цин, кæм та загъды уæ азтæ æрвыстат, Уынæр уæ нæ цыди æддæмæ æрмæст. Фиалкæйы сусæг сыр-сырмæ дæр хъуыстат, Куы-иу райгом кодта сындæггай йæ цæст. Кæд уыдис уый — раджы æви уыд æрæджы, Ызнон æви мин азы размæ, миййаг? Уæ ахуыры бонты сызгъæрин рæстæджы Уæ цæстытыл уадис уæ рæсугъд фæндаг. III
Ныр та йын ды чи дæ? — Æцæгæлон, уазал — Дæ хæдзары дуарæй æддæмæ кæсыс. Нæ мæгуыр лæппуйæн дæттыс цыма й’ адзал, йæ зæрдæйæн — калмы хæст, карды рæхуыст. Р1æ цæстыты боны рухс — писийæ тардæр, Æдзæмæй дæм баззад, æдзæмæй, кæсгæ. Ызгæ гуыдыр — дуарыл,— Уæ уарзондзинад дæр Æвæццæгæн, уыйау ысхъуына, нызгæ. IV Æхсæвыгон мигъы бæрзонд хохы фæрстыл Сындæггай фæхилы æнахуыр цæуæг. Ныхъхъæрзы, ныууынæргъы... уайы йæ цæстыл йæ разæй мæлæты æвирхъау æндæрг. Фæмæнг ысты сæнттæ, йæ бæллиц фæдзæгъæл, «Мæ дуне мыл батар, — йæхицæн зæгъы.— Фæсайдта мæ амопд, фæдæн дзы фыдæнхъæл. Мæ цард ма цæййаг у, уæвге дæр, зæххыл»... Фæрухсдæр и бонырдæм хæхты цæстынгас. Æрмынæг, ныффæлурс мæй арвыл бынтон. Фæдзурынц, уарзт цас уа тыхджындæр, гъе уыйас Вæййы, дам, тæссагдæр... Фыдбылыз, зындон... Æрцауындзæг айнæг сæрсæфæны сæрмæ; йæ тæккæ былгæрон æрлæууыд, кæс-ма. Уынгæг комы хоста цъæх-айнæг къæсæрыл йæ уылæнтæ сонтæй æррайау Къайса. Ныссагъдис йæ зæрдæйы раст цыма хъама, Йæ фæстаг фæлтæрæн — æвирхъау тæрхон. Гæппæввонгæй слæууыдис къардиуыл — хъуамæ йæ хъизæмар уарзтæн ыскæна кæрон. Фæлæ уый цы диссаг уа? — Хæхты цæсгæмттыл 112
Цыдæр рухс фæзынди — раст мидбылты худт. Сындæггай сæуæхсид фæхæлиу ис кæмттыл, Сындæггай ысцæйкаст, тæмæн калгæ, хур. йæ хъустыл æруадис æнахуыр ныхæстæ,— Уый ракаст йæ цæстæй фиалкæ, зæгъы: «Цы кæныс? Куыд уадзыс мæн ам ды дæ фæстæ, Ау, ницы ис ’вгъауаг дæуæн ам зæххыл? Æнхъæлыс, æппæт зынтæ бавзæрстай царды? О, ма кæ, дæ судзгæ рыст ма схойæд дæу! Зæххон рæсугъддзинад нæ бамбæрстай царды, Æдылы ми ма кæн куырмæджы, фæлæуу! Дæ фæндаг ис разæй, Нырма йыл цæудзынæ, Дæ нырæй дæ фидæн уыдзæни хуыздæр. Ис бауарзæн тынг карз,— Ис аппарæн уымæн, Фæлæ йæ кæронмæ фæхæссын — зындæр»... Дзырдта йæм гъе афтæ рæсугъд æрдзы хъæбул — Нæ уалдзæджы зæнæг, нæ зæрдæты цин. Чысылгай-чысылгай æрæмбæрзта лæппу, Æцæг уарзт цы ран ис; Кæй не ’ссардта уый. Кæрдæджы бынæй дæр уый хатгай ыскæсы, Æртæхыл дæр ферттивы, Хурау — йæ хъазт. Чызджы хуызы фесты, сæрбæттæн фæхæссы, Кæмæдæр, æнæмæнг, вæййы уæд йæ каст... Фиалкæйы хуызæн фæхуддзæн рæдауæй Нæ лæппумæ искæд æцæг уарзон чызг. Сæ кæрæдзи ссардзысты царды æгъдауæй, Уыдзысты æцæгдæр рæстудæй фæрныг. Бæрз бæлæстæ ризынц Къойсу-доны футтæй... Фæрухс и ныр астым... Ком нал у къуырма. 8 Дагъистайнаг зæрингуырдтæ 113
Гъе уый та фæлгæсы цъæх айнæджы цъуппæй, Ныртæккæ хи фехсдзæн цæргæсау цыма. Æрыхъал ис быдыр, Æрыхъал ис хох дæр, Æппæт дæр йæ амондмæ тагъддæр тындзы. Хæххон зымтæ зарынц æхсæлыйы къохæй, Хæххон райсом алкæй йæ цинæй хынцы. Фæтары ис сау æхсæв... атадис мигъау. Уадз боны рухс арф кæмтты донау цæуа. Æрцæуы нæ зонгæ лæг къардиуы тигъæй Сындæггай, — йæ къæхты бын мацы фæуа. Ныллæууыдис уалдзæг... Зæхх таугæрдæг суагъта. Мыдыбындзытæ та фæтæхынц мыдгур. Кæм дæ, кæ, фиалкæ? Нæ лæппумæ тагъддæр Дæ мидбылты худгæ фæзын, цæй, мæ хур!
Рашидов Рашид Æз никуы ’рцахстон фыны дæр æфсургъ бæхы йæ барцæй, Нæ тахтæн дард цæргæсыл æз бæхбадтæй. Хуымæтæг у мæ уынд мæнæн, мæ бацыд æмæ рацыд, Хуымæтæг дæн хъуыдыйæ, удыхаттæй. Уæддæр нæ баивин дунетыл номдзыддæр лæгимæ Мæ зæрдæ æз... о, зон, æндæр зæрдæйы Нæ бацæуиккой, нæ, æппæт, дæуæн цы хæссын цинæй, Дæуæн мæ риуы хорздзинад цы вæййы! * * Хуымгæнæг байтауы мæнæу, Æрмæстдæр уалдзæгыл — йæ мæт, Нæ йæ тæрсын кæны, нæ, ихуар мигъты сау. Фæлæ куы бауарзтон, куы, дæу, Цæмæй зыдтон, цæмæй æз уæд Кæй уыдзынæн дæрæнгонд, ихы хост хуымау. 115
Ыскæс-ма, хохыл — тулдз бæлас, Дæ фæсонæрхæджы дæр нæй Кæй йæ ныппырх кæндзæни зилгæ уад æваст. Дæумæ куы ссыгъд мæ мондаг уарзт, Цæмæй зыдтон уæд æз, цæмæй, Кæй’ æрцæудзынæн, уастæн, уыцы тулдзау саст. Кæд федтай ахæм ныв, миййаг: Йæ ахстон хæлдæй ссардта цъиу, Бецау, цъæхахстгæнгæ, уый систа уым пæр-пæр. Мæ ныв, мæ амонды фæндаг Нæ рауад, оххай, демæ иу — Хъысмæт гъе уыцы маргъау бафхæрдта мæн дæр. МÆ ФЫРТÆН Ды демæ рахастай æваст Дæ кæуын, худын, стæй цъæхахст. Дæ къæхтыл слæууæн райгæ бон Дæ цæссыг айсæфти бынтон. Ныртæккæ химидæг мах карз Кæнæм æнæ худгæ ныхас. Фæлæ æнæ худт æмæ куыд Куыд быхса цард æдзухдæр, куыд?! Æз дын уынын дæ сомы бон: Дæ хъæбысы — дæ буц фæдон; Уый уатмæ бахастой фæрнæй, Уат байдзаг худт æмæ хъæрæй. Куы слæг уай, бамбардзынæ уæд, Дæуыл цæйбæрц уыдис мæ мæт. 116
КАРЗ ЗАРÆГ Талмы ногдзыд къалиу, хъавгæ, Донбыл сау мæры ныссадз, Уæд ысзайдзæнис, ысуыдзæн Искуы уадæмдых бæлас. Иугæр дын лæппу куы рæза,— Буц митæй йæ иуварс уадз, Уæд уый рацæудзæнис саг лæг,— Тохы бон нæ зондзæн тас. ЗАГЪТОН УÆД Хъазыдыстæм иухатт мах Сабитæ нæхимæ. Абадти нæ хъул уæд сах — Хордтам дзул цæххимæ. Фехстон æз мæ худ хæрдмæ, Худ ысхауди цармæ, Загътон уæд: нырма мæнмæ Чи бауæнддзæн армæй! Алчи ме ’мбæлттæй цæстмæ Мæн уæйыг фæхуыдта... Иу дæр нæ йæ фындз рæстмæ Уæд мæрзын нæ зыдта. * * * Уади бæх. Ныддымст йæ барц Дымгæйы ныхылдæй. Æз мæ сахъ фыды фæсарц Бадтæн уæд ныгьуылдæй. Загътон хинымæр уæддæр: Ныр хъæуы нымайын — Æз ысджигит дæн хъæбæр, Фатау хæхтæм уайын! 117
Уый фыццаджы бадт, сæттын, Кодтон æз нæ бæхыл. Уый дæр иунæгæй, уæд дын Сæмбæлдаин зæххыл... Нæ хъæуы цур цы дон уыд, уым Куы ахызтæн фыццаг хатт,— Кæй ма уагътон ысхъыпп, ыссым, Ныббуц дæн æз, паддзахау! Æрбадтæн донбыл æмæ фау Кæмæ, кæмæ нæ хастон! Æнæбын денджызы, кæфау, Æз ахиздзынæи! — загътон. Æрмæст мыл уыцы сахат дон Кæй худти, уый ныр зонын... Уæд баци ахизын мæ бон Дыууæ санчъехы доны. * * * Фыццаг хатт, скъоладзау лæппу, ’Куы ныффыстон æмдзæвгæ, Уæд загътон: гъеныр дын, тæппуд, Нæй дунемæ æдзæугæ! Ды ныр поэтыл дæ нымад, Дæу газетты ныффыстой, Æмæ ныххæлиу ис дæ кад, Дæ ном дунейыл хъуыст у! Кæм æрцыд ме ’мдзæвгæ мыхуыр! — Мæхинымæр ыл худын ныр. * * * Поэты зын фæуа дæ хай, Кæсагау доны хизын, 118
Р1е хæхтæм дугъоныл тæхаи, Уæддæр хъæудзæни хизын Дæуæн æгад митæй дæхи — Æнцонæй кад нæ арынц! Ыстæй ма ноджыдæр зæгъин: Лæджы йæ куыстæй барынц! ФÆЗЗЫГОН ХЪÆД Зымæг æрцæуы мæстыгæрæй,— Хæхты нырхæндæг и хъæд. Хорз уыд йæ дарæс — рæусыфтæрæй Дардта сызгъæрин нымæт. ГъеЬыр ма зæрдæ цæмæ райа — Ацыди, ацыди сæрд... Тыртына йе ’хсæртæ мæрайы Хъавгæ куы фæци æвæрд. Уызын дæр архайы цадæггай, Пыхсбынты зилы, кæсы. Раст цыма хъистæй быд адагыл,— Зокъотæ йе ’ккой хæссы. Мæргътæ бæгънæг хъæды нал зарынц, Банцад йæ былдыхъхъæй уæрцц. Тæрхъус дæр развæлгъау базары, Зымæгмæ балхæдта кæрц. Йе, фæлæ бацыд бæрæг мæты: Бирæгъ зымæг у хæцаг! Арс та цæй сырд у! — йæ лæгæты Цъирдзæн йæ дзæмбы, хæрзаг. Сæрдмæ у сырдтæн сæ тæхуды,— Миты кæмæн нæ у зын. Хъæдыл дæр уæртæ æнæ худæй Уазалы ризæг фæзынд. 119 ^
А зымæг хъарм худ цы сæрæн нæй, Уымæн хъызт бонтæ — йæ мæт. Ма тæрс, сыфтæргъуыз сызгъæринæй Сарыхъ æрæлхæндзæн хъæд. Фæззæг сæмбæлд тæрс бæласыл, Ие ’нæфсарм фыдкъухтæй йын Уый йæ рæсугъд дарæс ласы, Тæрсы къаба — къæхты бын. Фæззæг тасаг буарæй хъазы. Суцца зымæджы нæ фæнды, Фæззæг тæрсæй уа рæвдыд. ’Фсæрмдзаст тæрсмæ уый фæсвæдты Уайтагъд уад-бæхыл фæзынд... т Батыхта йæ урс нымæты... # .*. * Цыма рухс боны сæр акъуырд,— Бафтыд зæххыл ихæн. Урсхъуын даргъдзогтæн сæ пакъуы Сыстад уынгты, мигъау. Кувы хъæд йæ сæрæй фæзтæн, Мигътæй арв ысала. Нал и рухс, нытталынг бæстæ, Арв ныссау, тæппалау... Уалынмæ, кæсыс, рæуфынтау Айсæфти фыдрæстæг. Хурæн къæсæрыл йæ тынтæ — Ног хъæмпау, лыуæрстæй. Хæхтæй дымгæ скодта пирæн, Мигътæй та — æлвыстаг. Арв та йе ’рттиваг æртхъирæн Кæрддзæмы нытътъыста. 120
Уæ, мæ хур, цы кæсыс джихæй, Дæу ныр дæр нæ уырны, Æрдз кæй фæфæзмы дæ, сихау, Де ’гъдæуттæ, дæ фырнымд? РÆСУГЪД ЧЫЗГАЙ ÆХСЫ ГÆРСТÆ Æхсы рæсугъд чызгай гæрстæ, Сæ кæрты цъай дæр ис. Йæ цæнгтæ урс фынкæй — хъæстæ, Цыма сыл ис æвзист. йæ риуыл сау дзыкку æруад Æхсæрдзæнау æмраст. Фæлæ йæ аппæрста уый тагъд Йæ фæсонтæм æваст. Кæс-ма, цъæх гæлæбу, тæппуд, Чызгаймæ дзырд хæссы: — Дæумæ уæ сыхæгты лæппу Кæсы, кæсы, кæсы!.. Йæ хъусы йын зæгъы сындæг: — Дæу бауарзта, хæрзаг... Ныр тасы урс фынчы сæндæг У арвы рæттæй дзаг. МÆЙРУХС ÆХСÆВ Кæрчытæ хорæй сæ фыны æфсæдынц, Рагацау уымæн фæкæнынц фынæй. Цъиутæ сæ дойны цы тасы фæсæттынц, Уым та ныххаудта, фæдæлдон и мæй. Къамбец ныффæлдæхти кæрты æфсæстæй, йе ’фсæртæ тилы, уынæргъы, хъæрзы. Талынджы ракаст зæронд уыг йæ цæстæй, Къамбецы футтытæй сонтау тæрсы. 121
Ахсæв хъæууон лæг уыдзæни йæ фыны — Иу бонмæ ног хæдзар арæзт фæцис. Не ’нцайынц дыргъты сыфтæртæ тæлфынæй, Арвæй ызгъæлы стъалыты змис. Стъалыты чидæр ныссæрфта фæсмынæй. Уый, дам, дæ зæрдæ æлхæнын фæндыд. Хорз чызг, хызт мын уай хъыг æмæ фæсмонæй, Рацу-ма, рацу, уæ балкъонмæ ды. Рацыдтæ, хъусыс æхсæвы ныхæстæм, Ахсы мæлдзыджы уйæфт дæр дæ хъус. Гъеныр, мæ дуне, нæ арвыл, нæ бæстыл Алцы дæр сабыр у, алцы дæр — рухс. Ацы æгæрон, хæццæ дуне иу у. Иу ысты хохы цъупп, урс мигъы сæр, Сабыр фæлмæн æхсæв, зæрдæ мæ риуы, Мæйы рухс, бæлæстæ, немæ — ды дæр. Зæдтæм ыскувыныл ахсæв дæн разы, Кæд æмæ уыдон дæ хуызæн уой, уæд. Ма ацу! Иу уысм-ма, алæуу нæ разы, Ноджы дæм бакæсон, ноджы, мæ зæд! ЛÆППУТÆ БÆХТЫ НАЙЫНЦ Тæвд бон бæх найын! — кодтон-иу тæхуды, Æз лæппутæм кæнын ныр дæр хæлæг. Уæрццы ахстæттау, цъæх нæууыл — сæ худтæ, Сæхæдæг — доны, талм уистау, бæгънæг. Ныр сын у хъазын, хорз хъуыддаг та — сомбон, Уадз, сахуыр уой сæ чысылæй уæндон. Ныррæгъ-рæгъ дæлæ гомгæрцц æфсад донбыл, Хъуынджын былтæй сæ бæхтæ цъирынц дон. Ныхситт сыл кодтой, батардтой сæ арфдæр, Æмæ та цъирынц бæхтæ ногæй дон. Сæ замсæй былтæй дон фæрсудзынц афтæ, » Цыма улæфын нæу рæстмæ сæ бон. 122
Тæлтæг лæппутæ бæхты найынц, найынц, Нæ сæ кæнынц сæ дугъæттæ дæр хъаст. Фæлæ дзы искæй кæд йæ къах фæсайы, Уæд аирвæзы барцы онг æваст. Æууæрдынц сын «æз хуыздæрæй» сæ рæгътæ, Сæ хъуыртыл сын рæвдаугæйæ тыхсынц. Хуыррытгæнгæ, фæцæйленк кæнынц бæхтæ, Сæ барцытæ сын уылæнтæ æхсынц. Хъæлæба, худт — куы дон-астæу, куы нæууæй. Мæ зæрдæ райы: царды аргъ у бон, Дæ цæсты раз æвæлмонæй куы лæууой Чысыл лæппутæ, бæхтæ, рухс хур, дон. МА ТÆРС Чидæр бахоста дæ рудзынг, Æмæ разындтæ тæрсаг, Фæлæ ма батыхс,— нæ хойын Æз дæ рудзгуытæ, миййаг. Уый йæ базырæй дзывылдар Рудзынг бакъуырдта æваст. Фæлæ зон, чызгай, уæ кæртмæ Арæх, арæх у мæ каст. Дуары хъыс-хъыс та ыссыди, Æмæ разындтæ тæрсаг, Фæлæ ма батыхс,— дæ уатмæ Æз нæ фæцæуын, миййаг. Уый уæ кæрты дымгæ смидæг, Уый фæкодта дæу тæрсын, Фæлæ зон, чызгай, уæ разы Дымгæимæ æз хъæрзын.
Саидов Алирза ДУДЖЫ УЛÆФТ Æдзух мæ уæнгты Дуджы улæфт хъазы. Лæууы мæ уæлхъус Райгуырæн зæхх — мад. Дæттын æз дзырд Нæ адæмæн йæ разы, Æнæсæрфат Кæй нæ уыдзæн мæ зард. Æз дуры къæртт дæн, Стыр Кавказ, дæ хæхтæй, Дæ цард-суадæттæй Иу æртах дæн æз. Фæнды мæ фестын Тулдзы къох дæ рæгътыл, Фæнды мæ фестын Хъал дæтты хъæлæс. Уадз, зарджытæн Уæд арвнæрдау сæ ахаст, Уадз, зарджытæ Уæнт карды комау цыргъ. Уадз, зарджытæ Уæнт дидинджытау райдзаст,
Уадз, зарджытæ Уæнт хохаг дазттау цырд! Уадз, уыдон мын Мæ удæнцой фæсурæнт. Уадз, ферох уа Мæ сонтады рæстæг. Æрмæст рæстдзинад Дунетæн фæдзурæнт, Уæнт къухы райстау Раст æмæ дæрзæг. Кавказ! Дæ кæмттæ Сты рæсугъд галуантæ; Фыдæлтæн баззад Таурæгъты сæ цыт. Дæ буарыл — ностæ Стыр тохы замантæй, О, ностæ та Нæ фæкæнынц мæнг дзырд. Кавказ, фæнды мæ Ме ’стыр цин ныззарын, Цæмæй дæ кæмтты Азæла мæ хъæр. Мæ ном уыдзæни Рохаггаг,— æмбарын,— Цæрдзæн нæ фæлтæр Дугты ’мбай уæддæр! поэт Нæма фæсур ис æртæх ссæст кæрддзыхыл. Фæкæны гутон ныр йæ фыццаг хахх. Иæ къахфындзтыл ыслæугæйæ, ыссыгъта Тымбылсæр мак сæуæхсиды цырагъ. Фæлæ йæ гутон ассæнда ныр хъуамæ — Æмæ фæуыдзæн дидинæджы цард. Ныгæд куы’рцæуа ауæдзыл, уæд ма нын Сæумæрайсомæй чи ссудздзæнис арт? 125
Зæхх сау гæрзытæй афæлдæхт уæлгоммæ. Æрттывта мак, йæ пиллон ма цыди. Хуымгæнд куы фæци гутондар кæронмæ, Фæлладæй айста хъæуырдæм й&хи. Тылдта йæ сырх худ дидинæг й^ фæстæ, Ызмæлыдис йæ мидбынат сындæг. Нæ уагъта цух мæн иу хъуыды æрмæстдæр: «Æвæццæгæн, Поэт уыд Уыцы лæг»... ÆЗ УАРЗЫН АЦЫ ЗÆХХ Нæ хæхтæ бæрзæндтæй, Цъæхарвы хъæбысæй фæлгæсынц. Сæ урс худтæ дардмæ Фæзынынц фæсаууон хъæутæм. Тызмæг дæттæ семæ Егъау дурты рогæн фæхæссынц, Фæйнæрдæм сæ фехсынц — Нынтъухынц æбæрæг рæттæм. Хъалагъуртау слæууынц Цъæх айнæгыл даргькъах сычъитæ, Цыма у æппæт æрдзы хъахъхъæнын Уыдоны хæс. Сæумæрайсом комы Фæцæйтæхынц удайстæй мигътæ, Бæрзæндты фæзилы, Бæрзæндты дыууæрдæм, цæргæс. Бынтон уынгæг — кæмттæ. Фæлæ у сæ зæрдæ парахат хæххонтæн, Зæрдиаг салам дын дæтдзысты, Куы бафтай ды уырдæм, миййаг. Сæ зæрдæ ысхъаздзæн Сæ мидбылты худтæй нæ чызджытæн-хотæн, Нæ мадæлтæ та дын Зæгъдзысты: «Уæд амондджын де ’стыр фæндаг».
Ам зарæггæнджытæ — ашугтæ Ыскæндзысты артдзæст дæ риуы, Ам алы фæллой дæр — Дæсныйадыл, аивадыл баст. Хæххон сылгоймæгтæ Цы гауызтæ скæнынц сæ зиуы — Поэмæйау зарынц, Зæрин хуры тынау — сæ хъазт. Нæ бæндæнылкафæг Тыхæлвæст бæндæныл ыздыхсы, Ысхъиуы уæларвмæ, Уæддæр ын æрхауæн куы нæй. Дæсны къухты хицау Пылыстæгыл аив ныффыссы Рæсугьд зарæг Ленины царды тыххæй. Ис алы хъæуы дæр Æндæр æвзаг, хицæн таурæгьтæ, У алы хæдзар дæр Ашуг, йе поэты æвджид. Нæй ахæм хъæу, Ахæм тъæпæнсæр хæдзæрттæ, Кæм нæ хуыссыд авдæны Саби—хъæбатыр джигит. Ам урсзачъе хистæртæ, Хохаг фæндæгтыл цæугæйæ, Фæхудынц адзалыл, Сæдæгай азтæ сыл фæцæуы, уæддæр. О, ацы зæххы уарзын Æвдадзау æнустæм зæрдæйæ. Ам цардæн — йæ гуырæн, Мæлæтæн та — рохаг йæ сæр! УÆЛВОНГ ФÆХАУЫНЦ КЪÆДЗÆХТÆ... Уæлвонг фæхауынц къæдзæхтæ... Бæрзæндты Æз аразын æмбисонды фæндаг. 127
Цæхæр рыджы дæумæ цæуын... Мæ зæрдыл Вæййыс æрмæстдæр иунæг ды æфтаг! Мæ арæзт дæтты зарын æмæ цагъдмæ Дæуыл æнустæм бафтаудзынæн дис. Дæрзæг — мæ хъæлæс, азæлы уый дардмæ, Мæ риуы дын нæртон фæндыр куы ис. Мæлæтхæссæг æхсаргæрдтæн сæ хуымæй Мæ цæсгом фехæлд, галиу цæст нынцъылд,— Дæу карз хæсты кæй бахъахъхъæдтон, уымæй Æвидауцдæр нæ фæуыдзæн мæ уынд. Æууæнк зæрдæйæ цардмæ æз фæкæсын. Ыстыр фæндаг æз аразын, ай-гъай! Цъæх хъуссæджытæ уæлдæфы фæхæссын Дæуæн, мæ уарзон, даргъдзыкку чызгай! КЪУХТÆ Райхъал саби Ацы хатт сæударæй. Авдæнæй йæ гуккытæ тылдта. Систа йæ йæ хъæбысмæ ныййарæг Æмæ райгонд, Хъæлдзæгæй дзырдта: — О, мæ къона, Бахæрон дæ рынтæ, Ацы къухтæ сты мæ царды ныфс. Адон мын Хæсдзысты дидинджытæ, Адон мын Кæндзысты хъарм хъæбыс. Дон тыхст ран Рынчын лæгæн дæтдзысты... 128
Сласдзысты фыдуаджы къахæй сындз. Адон мæм Рæсугъд чызджы кæндзысты, — Уый уыдзæн Мæ удылхæцæг чындз. Не ’суадздзысты Бæхы рохтæ дугъы... Басгардзысты арвы бæзджын цъæх. Ацы къухтæ Тохы бон æдзухдæр Базондзысты Хъахъхъæнын нæ зæхх. Ацы къухтæ Хуийдзысты кæрцытæ, Хъарм худтæ — нæ хохæгтæн хызты. Уалдзæгыл — Хуым афоны æрцыдыл Цин кæндзысты алы аз куысты. Алыхуызон дывæфтыдтæ фысдзысты Хурæнгæс сызгъæриныл рæсугъд. Диссаджы цагъд Уадындзæй кæндзысты,— Хæхтыл-иу фæзындзæн мидбыл худт. Мады цинæн сывæллон цы зыдта, Уый цы зыдта Сомы бонæн, цы? Хурыскастмæ гуккытæй тындзыдта, Мады риуыл гуккытæй хæцыд. ЦАРДÆГАС ЗЫНГТÆ Нæ таурæгътæ бауарзтой махæи дæр алкæм, - Сты уыдон, о, уардиты басты хуызæн, Кæцыты нывæрынц Монументтыл адæм, Хæстоны цыртыл сæ нывæрынц цытæн. У таурæгъ цæхæр арт, йæ радтæг — æнус. Нæ царды фæндаг нын куы фæкæны рухс. 9 Дагънстайнаг зæрингуырдтæ
...Нæ хæххон хъæу баззад уæларвон цъæх тыгъды — Ыссæуæн æнцонтыл гъеуырдæм куы нæй; Цымæ йæ джауыр лæг Фыдæнæн нынтъыхта, Гъеуыйау æрцауындзæг хохы сæрæй. Цыдысты йыл азтæ... Уый бамыр фæсвæд... Партизантæ иухатт фæзындысты уæд! Дзырдтой, зæгъгæ, Волгæйы, Лёнæ, Невайы Фæсырдтой сæ бонджынты адæм бынтон. Уырыссаг джигит, дам, Сæ разæй фæуайы, йæ ном та, дам, Ленин — Хъæбатыр зæххон. Уый адæмæн радта сæ фæллой, сæ зæхх. Рæхджы йыл æмбæлдзæн Нæ урссæр къæдзæх. Хæххон адæм загътой: «Куыдæй сæмбæлдзыстæм Нæ уарзон джигитыл,— Цæмæй стæм хъæздыг? Йæ сурæт ын гауызыл хъуамæ кæндзыстæм, Кæнæ та йын самайæм Хохдур мæсыг». Сæ быцæу ныхасæн нæ уыди кæрон, Фæйнæхуызы кодтой уынаффæ, тæрхон. Уæд дурсæттæг загъта хæххонтæн фæстагмæ: — О, хъусут, У ахæм мæ фæндон мæнæн — Куыд зына нæ Ленин егъау даргъ фæндагмæ, Гъе уый тыххæй а хох Йæ къæхтæн — лæууæн, йæ сурæт ын дурæй ыскæнæм рæсугъд: йæ къæхты бын — цъити, йæ сæрмæ — цъæх тыгъд. Ныффутт кодта Урс хох: «Уый чи суæндыд халын 130
Мæ буц фын, мæ тарф фын? Фæлæуут чысыл!» Иæ зынг фæттæ сау мигъ уæд байдыдта калын Хæххон къахвæндæгтæм... Уад сыстад дæрдтыл. Уынæргъыдта Урс хох, уый кодта мæсты. Фæлæ дзы кæд адæм Æхсарджындæр сты! Ыслæууыдис барæг уынгæг комы сæрмæ, Цыппæрвадæй тахт, Цыма уадæййаф бæх. Идоны зылангмæ, йæ цæфхæдты хъæрмæ Нæрыдысты кæмттæ, Æнкъуысыди зæхх. Ильичы цæстытæ — дыууæ хурау, раст, Дыууæ хурау худгæ — сæ цæхæр, сæ хъазт. Уæд иу райсом хæхтæм æрцыдис бæхджынтæ,— Уый кæд большевиктæ — Нæ царды æфсин — Цытджын уац æрхастой нæ хæхты рæбынтæм: Сæрибар, сабырдзинад, Зæхх æмæ цин. — Зæгъут-ма, хæххонтæ, Нæ фæтæджы кой Уæ кæмттæм фæхæццæ? — Уæд уыдон дзырдтой. — 0, зонæм æй! — сдзырдтой зæрдæрухс зæрæдтæ, Стæй уазджыты ахуыдтой хæхты сæрмæ: Уым Ленин — æд цухъхъа... Нымæты кæрæттæ Цæргæсау хи вæзтой, Тæхæгау хæрдмæ. Сæ къухты аууæттæй, сæ худты бынæй Нæ уазджытæ кастысты уымæ фæрнæй. Уæд бафарстой: — Цымæ цæй тыххæй у бæх та? Цæстытæ цæмæ сты цæхæры зынгау? 131
— Уый дунетыл хъуамæ йæ бæхыл фæтæха, Æппæт рæттæ хъуамæ йæ цæстæй уына. Гъе уый уын нæ таурæгъ. Кæнут ыл ныр дис? Æндæр кæронбæттæн ын ног бонты ис. Куы сыфтат, куы, уырдæм,— куыд вæййы, цы вæййы,— Уæд, чи зоны, Урс хох нæ фенат... Уæддæр Ыссардзыстут алы лезгины зæрдæйы Нæ Ленины худгæ Цæстыты цæхæр. Иæ номимæ адæм Куы гуырынц, цæрынц. Нæ фидæны дугмæ йæ семæ хæссынц. чызг Тызмæг’фыд, Мæ цæстыл та уайыс фынау: Дæ, астæуыл хъама æрзæбул уæззау. Æрцыдтæ фæлладæй, Хуызыцъыртт дæ нæй, Дæ тæрныхыл носвæд — ызнаджы цæфтæй. Ныстади дæ бæх дæр, ныффыдхъуын бынтон. Иæ цæстыты — хъизæмар, Судзгæ фыдбон. Бæрзонд хохы фале, Цъæх арвы бын, дард, Уæд туркаджы нæмыг хъæбатырыл суад. Куы марди мæ дада, дæуæй уæд куырдта, Дæуæн уый фæдзæхста, Дæуæн уый дзырдта: «Æрбайхъус дæ фыдмæ, мæ зынаргъ хъæбул, Куыд никуы æрлæууа нæ зæххыл фыдгул — Ды хъуамæ ысхæссай хъæбатыр цæуæт,— Зæнæг дын лæппутæ Æдзухдæр цæуæд...» Фæлæ дын куы райгуырд æнæнхъæлæй чызг, Æмæ дæ æхсыдта æппынæдзух хъыг. 132
«Фырт мæ хъæуы... уаид хъæбатыр хæстон, Уый зонид йæ бынат, йæ сæр æмæ бон; Уый дарид хæлæрттæ, Уый зонид æгъдау; Знаг стъæлфид йæ койæ, раст арвы цæлхъау. йæ фыдæлты ’хсарæй нæ уаид тæппуд. Хъæуы мæ джигит гуырд, Хъæуы мæ лæппу». Фæлæ дын куы райгуырд æнæнхъæлæй чызг. йæ бакаст уыд хуры сызгъæрин фæрдыг... Чысылгай-чысылгай уый, хъазгæйæ, рæзт, Фæлæ уæдмæ дард ран Куы райдыдта хæст. Уæ, уаих, цæмæн у фæлывдвад хъысмæт? Мæ фыды æфхæрдта гъеуæддæр йæ мæт: «Ныззæронд дæн, оххай, Ыслæмæгъ мæ дзырд. Сылыстæг цæййаг у! — Куы хъуыди мæн фырт». Гъестæй уæд фæстагмæ куы райгуырдтæн æз — Фæзындис, фæзындис ысуинаг джигит! Фыртыхстæй фыд н’ардта зæрдæнцой фæрæз. Мæ мады раз бадтис йæ мæты æвджид. Мæ мадæн йæ къухыл æнкъардæй хæцыд, Мæ мадмæ æнкъардæй куы дзырдта мæ фыд: — Фæмарди хæстонæй зынг-хæсты мæ чызг. Æнхъæлдтон, уыдзæн дын гъеуый бæсты чызг».
Сулейманов Абдул-Вагаб ÆЗ ЧИ ДÆН? Не ’ууæндын хуыцауыл æз: Цъæх арв уа, зæхх уа — Иудæр дзы кæд уый ысфæлдыст нæу. Айтыгъта мæ зонд Йæ базыртæ уæрæхæй,— Адæймаг, Æз кадджын кæнын дæу. •Кувынмæ нæ цæуын, Ком нæ дарын. Никуы кодтон иу хатт дæр ламаз. Дзæнæтыл мæ зæрдæ Мисхал дæр нæ дарын. У фæллой мæ хуыцау алы аз. Расыггæнаг никæд уыдтæн, Стæй лæвархор. Никуыма фæдæн гуыбыныл Искæимæ хыл. Сонты бонтæй дæн æз Раджы фестын ахуыр, Бирæ бахъуыд кусын мæн зæххыл. Тохы уа, Фæллойы уа —
Æз алкæм Алкæддæр æппæты разæй Хъуамæ уон. Райгуырæн бæстæ — мæ мад, Мæ фыд та — адæм: Уыдонæн кæндзынæн Ме ’ппæт цард нывонд. НАМЫС Иу зæрондыл фембæлдтæн нæ хъæуы Стыр ныхасы бадæнмæ æввахс. Уый йæ цыдæй фисыныл æрлæууыд, Рауад не ’хсæн уалынмæ ныхас. Дæс æмæ цыппарыссæдзы азтæй Рацыд ууыл. Диссæгтæ зыдта. Мæн мæ къæхтæ нал хастой йæ разæй, Сабыргай, хъуыдыгæнгæ дзырдта! — Зæгъ, цы ис сыгъдæгдæр хъуыддаг царды?— Бафарстон æй. Бахудт мæм рæдау: — Кад, цæсгомæй ницы ис зынаргъдæр. Адæймаджы намыс у æгьдау. ’Райгуырæн бæстæйы рухс цæсгомыл Ратдзæн алчи тохы бон йæ цард. — Уæд цы ис рæсугъддæр? Зæгъ æргомæй. — ’Взонг зæрдæты судзгæ цырен—арт. — А зæххыл уæззаудæр та цы схонæм? — Адæмы зындзинад æмæ ’фхæрд. — Зондджындæрæй уæд цымæ кæй зонæм? — Хи фæллой кæмæн вæййы йæ хæрд, Чи нæ дзуры алы ран дзæгъæлы, Чи фæкæны рагацау хъуыды, Уый æнцон, лæгъз фæндагмæ нæ бæллы,— Ацæуы тæккæ зындæр рæтты. 135
— Дунетыл цы уыдзæни тыхджындæр? — Адæмты лымæндзинады хур. — Уæд цы ис зынаргъдæр та, зæгъ уый дæр. — Дзыллæ! Дзыллæ— фидæны бындур! МÆЛÆТЫ ФÆСТÆ ’Мæ цæст куы бацъынд уа, куы басæтта мæ тых, Мæрдты уæддæр нæ тæрсдзынæн зындонæй. Æрцæудзæн мæм Мункар Накир, Йæ къухы — стыр дзæмбых, Фыдмитæ мын кæнæд — нæ мæ басæтдзæн, зонын. Мæ мæлæты фæстæ — æртхутæг æз æрмæст, Уæлæдарæс, хæринаг, нозт мæ бон нæ уыдзæн домын. Фæцæудзæн рæстæг — уæд æрыздæхдзынæн æз Кæрдæг, кæнæ цæргæ удæй æндæр искæй цæсгомы. Ие фестон бур сыджыт-æлыг æмæ мæнæй Ыскæна исчи дурынкъус рæсугъд, уырынг фæлыстæй. Уыдзынæн дзаг мæ былтæм уæд сæнæй, Мæн чызджытæ сæ сырх ’былтæмхæсдзысты. Йе фестон тулдз бæлас æз уалдзæджы цъæхы, Мæхи æркъул кæнон Æз уарзæттæн сæ сæрмæ. Мæ быны, аууоны, кæттагæмбæрзт зæххыл Уадз, бадой уыдон, уарзгæ, бон-изæрмæ. Мæ фæдонты сæры мæ хъуыды дардзæн рухс, Хæсдзысты мын мæ хъуыддаг царды дарддæр. 136
Æмæ мæнæн мæ фæд нæ фесæфдзæн æнус. Мæ хоры хуым кæндзæни задæй-заддæр. Мæ бæллицтæ, мæ сагъæстæ — нæ рæстæгимæ баст, Нæ фесæфдзысты бонты гуылфы уыдон. Уыдзæни цард рæсугъд, æнæ фыдбылыз, маст, Фыдыбæстæ цæрдзæн, мæ хуыз кæндзæн æрыгон. Куы бацæуон мæрдтæм, гъеуæддæр цард уыдзæн, Æрттивдзæн дуне рухс хæрдгæ фæлыстæй, Фæлæ нæ фæллой а зæххыл цæрдзæн. Æмæ æнæмæлæт гъеуымæй мах уыдзыстæм! ХÆРИС БÆЛАС Лæудзæнис ма дæ зæрдыл хуссарвахс: Нæ сæрмæ, ’ркъул кодта хæрис бæлас. Нæ бадæн уыд цъæх кæрдæгæй фæлмæн. Æрхæцыдтæн дæ астæуыл дæуæн. Дзырдтай: «Æнæ дæу æз кæнын æнкъард, Фæнды мæ демæ арвитын мæ цард». Дыууадæс азы Рацыдис уæдæй. Фæсайдтай мæ — Дæ кой, дæ хъæр дæр нæй. Куыд хордтай ард кæддæр нæ хæхты раз, Фæдзуры мын гъеуый хæрис бæлас.
Сулиманов Магомед ЦАРДЫ БАРÆН Æз царды барæн афæдзтæ нæ хонын. Нæй афæдзтæн, нæй афæдзтæн кæрон. Хæххон донау ызгъорынц азтæ, зонын, — Куы схуды хур, куы ралæууы фыдбон. Æрмæст зæрдæйæ адæмæн цы радтон, Нымайын уый мæ цардбарæныл æз,— Фæуæд æртæх дæр уалдзыгон къæвда бон — Æртæх дæр царды фурдæн у фæрæз. Кæд а зæххыл мæ райгуырæн Цæдисæн Æз исты хорз, йе цинхæссæг фæуон, Уыдзæн уæд уый мæ цардæн дæр æвдисæн Æмæ йыл никуы ’ркæндзынæн фæсмон. Фæхойынц иутæ царды стыр къæсæртæ: Сæ гуыбынтыл — сæ сагъæстæ, сæ мæт. Хæмпус митау ысурс вæййынц сæ сæртæ, Хæмпус митау æрбайсæфы сæ фæд. Фæхилынц иутæ аууæттау дæ фæстæ. Кæд дæм уа исты ратонинаг, уæд Кæндзысты ’дзух цъыллинджытæ дæ рæзты, Дæ уд сын ратт — нæ сæм кæсы æгьгъæд. 138
Фæзыны не ’хсæн ноджыдæр æндæртæ: Дæ хъыг сын — цин, дæ циндзинад сын — хъыг. Цæмæфæнды дæр хъардзысты сæ сæртæ, Æрмæст дæ къæхтыл ма лæуу ды уырдыг. Нæ зæгъын æз, мæ райгуырд у æлутон Æгас бæстæн, у дунейы цæсгом; Нæ зæгъын æз, куы амæлон æз иу бон, Уæд адæмæн зæхх фестдзæни зындон. Фæнды мæ мæн, куы бафсæдин цæрынæй, Мæ азты тап куынæ фескъуынид тагьд, Уæд хъахъхъæнин мæ адæмы фыдрынæй, Сæ хæрзтæм уаид алы бон мæ тахт. Фæнды мæ ноджы, не ’хсæны цæмæй уа Хæлардзинад нæ лæджыхъæд æвзарæн, Цы скæнай хорзæй адæмæн, гъе уый та Æдзухдæр уа нæ царды бонты барæн! САХАТ ÆЛХÆНГÆЙÆ Сахат, дын, балхæдтон уæд æз Гæххæтты гæбазы фæлыстæй. Æнæхъæн аз, дам, æй фæхæсс, Уæддæр нæ банцайдзæн йæ куыстæй. Цыма мын гал рачынд лæвар, Фæдæн раст уый хуызæн æмæ Фæкастæн сахатмæ дзæвгар, Ыстæй уæд араст дæн хъæмæ. Фæлæ мын н’ акуыста мæй дæр. Мæ уарзон горæты — Буйнакскы, Мæнæн мæ сыхаг дæр кæддæр Чындзæхсæв сарæзта. Уыд ЗАГС-ы. Гæххæтт ын радтой: цæр ныр, цæр Зæронды амондджын кæронмæ, Фæлæ æрбайхæлди уæддæр Сæ цард сæ чындзæхсæвæй бонмæ. 139
Кæнын уын сомы, ард хæрын Мæ бирæ хæлæрттæ, æмгæрттæ: Зын у гæххæттытæй цæрын, Куы нæ уа стыр риуы зынг зæрдæ!.. ДУРЗÆРДÆ ШОФЫР Мæ уарзон хæхбæсты бон худы ’мæ райы, Тын ирд сты хæхтæ, тын ирд. Кахибæй уырдыгмæ нæ машинæ уайы,— Ыскъæфы нæ арф комы цырд. Фæцудыдта иу ран... Фæцудыдтам мах дæр... Æрбахауд мæ хъæбысмæ чызг. Фæсырх и йæ цæсгом æрвæрттывдæй тагъддæр, Æркалди йæ цæстыты сыг... Цыдæр тых мæ уигъы мæ къæхтæй мæ сæрмæ... О, машинæ, иу хатт ма фенкъуыс! Цæй, иу хатт ма фенкъуыс, ныццуд ма цæхгæрмæ,— Мæ зæрдæйы катай мын фехъус!.. Фæлæ уый Буйнакскмæ æнæнкъуысгæ уади,— йæ цæлхытæ атоной, уастæн! — Мæнæн та мæ зæрдæ мæ риуы куы тади,— Рæсугъд чызгмæ цавддурау кастæн... Ныр уыцы шофырæн цы зæгъон, цы кæнон, Куыд нæ^^ын фембæрста мæ фæндон? — Нæ фæндаг кæм уыди дзыхъхъытæ ’мæ гакъон, Ныр ууылты нал цыд йæ «уæрдон». Куы цыдаид шофыр хуырджын комы таджы,— Нæ уыдаид афтид мæ хъæбыс; Уæд, чи зоны, æмæ ыскодтаин раджы Чындзæхсæв... О, днофыр, цы зæгъыс?
Султанов Камиль СЫВÆЛЛÆТТÆ ХЪАЗЫНЦ Сæлæф мит та æруарыд, Æрдз иуцъусдуг фæджих. Нæ лæугæхох фæзæйнад, Нæ цæугæдон фæих. Дыдзы хур та нæ фæзтæм, Иæ цъынд цæстæй ныккаст. Нæ хъæугæрон ыстынги Нæ буц сабиты хъазт. Чи уæлкъуыбыр, уæнгрогæй Р1æ дзоныгъыл быры, Чи ихыл хъулæй хъазы, Чи уæлхохмæ тырны. Кæмæн сæнтсырх — йæ рустæ, Кæмæн ныссалд йæ фындз... Сæхимæ сæм æнхъæлмæ Сæ чингуытæ кæсынц. Изæрмилты фæвæййы Нæ буц сабиты хъазт, Сæ хæдзæрттыл фæлладæй Фæпырх вæййынц æваст. 141
Фæхъынцъым кæны алчи: Куыд тагъд ацыди бон? Фæлæ сæ зæрдæ дарынц: Кæдæм ирвæздзæн сом? МÆТГÆНАГ ГЫЦЦИ Нæ тыгъд быдыртæ тавы Зæрин хуры цæхæр, Дзæбæх рæстæг фæкодта Зымæг кæд у, уæддæр. Чысыл саби Ахмæтæн йæ дзоныгъ у цæттæ, Фæлæ гыцци ысдзырдта: — Кæдæм, мæ хур, кæдæм? Цы фæкодтай дæ хъарм кæрц? Цæуылнæ дыл ис худ? Дæхи, хур, хъарм æрцараз Æмæ уæд уынгмæ цу! Къабускайау ыстыхта Йæ хъæбулы Гыцци, Ахмæты зæрдæ суынгæг — Æрбайсæфти йæ цин. Ысулæфæн ын нал ис, Нæу акъахдзæф йæ бон,- Æвиппайды, фыртæвдæй Йæ буар куы фестад дон. Гуыркъойау ратылд уынгмæ, Куыд ацыдаид тагъд? Сæлæф миты фæкалди, Йæ астæумæ ныссагъд. Йæ хæлæрттæ йыл худынц: — Ахмæт-джан, сахъ фæлæуу! Гыцци та дзы у бузныг: — Рынчынæй тас ын нæу!
Хаппалаев Юсуп МÆ ХÆХБÆСТЫ Ахæм бæсты фырт дæн æз, Арвы нæрдау зæй кæм нæры, Иууылдæр кæм у цæргæс Хæхты цъитиджын цæхæры... Знаджы сæр кæм кодта еу Лекъæгты уæлахиз хæсты, Бæрзæндтыл кæм тауынц еуу, Урс пырындз кæм тауынц фæзты. Æрдзау цард кæм у тызмæг, Цард кæм нæ цух кæны фарнæй, Ног уари кæм басгуыхт лæг Заманæй æмæ йæ ранæй... Дугъы та кæм фесты бæх Сахъ лæппуйы бын, æхстфатау, Сау айнæгыл дæр дзæбæх Хос кæм фæкæрдынц, æфсадау... Кæм тæппудæн нæу йæ бон Гуырын, йе ’мбæлттæн — хъуырдухæн, Рындзæй стайы хуызæн дон Арф коммæ йæхи æнтъухы... 143
Кæм æмгар зæрдæйы дуар Бакæны хæлар æвзагæй, Кæм ныхасæй нæу æмгар, Фæлæ у ыстыр хъуыддагæй. Сатæг суадæтты хъаймагъ Дардæй дурынтæм кæм тындзы. Шофыртæм кæм лæсы ’врагъ Хъарм кабинæтæм нæ рындзыл, Лæгтæ чызджыты æхсæн Худтæ къул кæм дарынц куысты... Дидинæг æмæ æхсон Къæдзæхыл цæдис кæм ысты. У мæнæн зынаргъ мæ хъæу, Дæн мæ рæсугъд хæхтæй бонджын. Уым дзæнæты хуызæн нæу, Фæлæ диссагдæр у ноджы. Балхайраг æрмгусæг йæ куыстæй у разы: Скодта йæ дурын æххæст, Сыгъдæгæй йæ дары æмæ та дзы нуазы Суадоны дон æрмæст. Лæджы зæрдæ гарзау сыгъдæг хъæуы дарын, Макуы йыл бада сæг,— Фыдвæндтæ æмæ дзы æвидыц æнкъарæн Ма дара хъуамæ лæг. * * * Исты фæнд, сæрфатыл хъуамæ æз хæцон. Царды стыр фæндæгтæм райгæйæ кæсын: Иутæ дзы — цыбыр, цæуынмæ та — æнцон, Иннæтæ та — даргъ æрмæст цæуынмæ — зын. 144
Искæцы фæндагыл мæн цæуын хъæуы... — Зæрдæ, зæгъ, кæуылты ацæудзынæ ды? — Адæмы фылдæр хай кæцыйыл цæуы, Ууылты мæ фæндаг,— зæрдæ дзуапп дæтты. КЪОДОРЫ ХÆЛД ФИДАРЫ ЦУР Куыд-иу цыдысты дурзæрдæ мюридтæ, Æз дæм нæ цæуын уый хуызæн, Гуырдзы! Таучелæй та мæм ног куывдмæ фæсидтæ, Дæумæ мæнæйуый райгондæй тындзы. Цæуын, цæуын дæм дидинæг быдырты, Дæ сæуæхсид мын рухс кæны мæ раз. Хæссын, хæссын дын хурзæрины тынтыл Мæ хæххон бæсты арфæйы ныхас. Кæй зарæг нæры райгуырæн Кавказыл, Гъе уыцы дæтты сæрты у мæ балц, Сæ уылæнтæ сын судзаг уарзтæй уарзын, Сæ гуылф-гуылфы тых у мæнæн æвдадз. Къодоры тигъæй, уалдзыгон бæрзæндтæй Уынын мæ хæхтæ, дæу уынын, Гуырдзы! Уынын уæ царды бархи ’мæ æмвæндæй, Цы рæсугъд ыстут ног æнусы, цы! Æз хатын, хатын, суадæтты сыр-сырæн Куыд у йæ цинæй н’ алкæй зæрдæ дзаг, У не ’хсæрдзæнтæн иу ранæй сæ гуырæн, Ис не ’хсæрдзæнтæн иухуызон æвзаг. Тæхы Алазан, де ’рыгон Алазан, Тæхы Анди, æвзист базыр Анди. Сæ хъаймагъ зæххы хъары æмæ хъардзæн, Нæ иу хохыл сын иу райдайæн и. Раст уыдон хуызæн у нæ хъуыддаг махæн, Раст уыдон хуызæн — мах фæрнджын хъысмæт... Æфсымæрады ног фидар гæнахыл Æгас дуне дæр не ’стыр куыст уынæд!.. 10 Дагъистпйиаг зæриигуь’р пге 14Л
ХÆХХОН НЫЙЙАРÆГМАД йæ риуы æхсырæй йæ фыртты ысхаста, Р1æ зæрдæйы туг сын нæ кодта æвгъау,— Ныййарæг йæ фыртты, йæ зæнæджы уарзта, Хъæбултæ лæвæрдтой сæ мадæн æгъдау. Æнæнхъæл æрзылди фыд-заман, фыдбонтæ... Мад кодта йæ фырттæн фæстаг хатт хъæбыс. Йæ къухæй цыдысты йæ рæзгæ хæстонтæ, Фæндагмæ сын радта хæстхъом лæджы ныфс. Сæ уæнгты цы туг рад æхсарджыиæй фырттæн, Нæ фыдæлты зæххыл уый арæхæй калд. ’ Ныххуыссын дзы кодтой æвирхъау æртыты, Ныуурæдтой риутæй цъæх ыздыйы уард. Нæ хæххон ныййарæг, дæ цытæй, дæ койæ Сæрыстыр куы вæййынц хъæбатыр цæуæт. Цы тыллæг æрзайы сæ къухты фæллойæ,— Дзæбæхæй дын тайæд, хæлар дын кæиæд! Сайд æмбæхсаг у уынды. Хатгай цуаноны хуызæн Хотыхдарæг лæг зындзæн,— Ма йæ рахон цуаноп ды. Уды айдæныл дын æз Мидбылты фæхудт хынцын, Фæлæ д’алфамблаймæ кæс — Бирæ айдæнтæ — зылын. Уынд мæнг-у, уый у фæлтæрд,— Афтæ дæр вæййы, мæ уд: Дзаума мидæгæй — кæлмхæрд, Фæлæ бакастæй — рæсугъд. Хатгай раст лæджы хуызæи Хин, дыдзæсгом лæг зындзæн, 146
Таудзæн дын фæлмæп лыстæн, Фæлæ тынг хъæбæр уыдзæи. Уынд? Куыд ыл æууæндоп, куы! Сайды бахауои æваст? Иуæй-иу сырхварс фæткъуы Адæй разыны хæрз маст. * * Кæсæныл баулæф Æмæ йыл урс фæлм расты, Фæлæ та ног æртайы уый æваст. Æфхæрæн дзырд ныццæв, Уæд зæрдæ рисдзæн азты,— Æфхæрд ныхас джебогъы цæф у раст. * Ды ысдæ мæнæн мæ зарæг, Ды ысдæ мæ цард, мæ дарæг; Ды мæнæн сæнтты рухс радтай, Ды ысдæ мæ мæт, мæ катай. Зарæг царды кæд сæйраг у, Цард æнæ сæнттæ цæййаг у? Зæрдæ цинæй байдзаг абон. Ды — мæ рухс хъуыдыты суадон! Даргъ, кæнæ æнкъард æхсæвы тары Хуыссæг кæд нæ ахса дæу æппын, Ал-лол-ай уæд байдайдзынæн зарын Æз дæуæн дæ рудзынджы рæбын. Кæд ды хизай хохы сæрмæ дагъыл, Уым æдасæй кæд нæ уа цæуæн, 147
Уæд æдыхстæй нарæг къах’фæндагыл Æз хæххон бæх фестдзынæн дæуæн. Кæд дæ бон тæвдæн нæ уа фæразын, Сусæны хур тынг куы судза, уæд Фестдзынæн æз цъити дон дæ разы, Аууонæн та — стыр сыфтæрджын хъæд. Кæд æрцæуа карз зымæг нæ хæхтæм, Фестдзынæн уæд сау нымæт, цъæх арт: «Батух хъармдæр уазалы дæ къæхтæ, Æмæ ’ввахсдæр цæхæрмæ æрбад!», Кæд дæ фæдыл зила гурæй-гурмæ Сау æгъатыр удтæ хæссæг, уæд Рæвдз тæхдзынæн афоныл дæ цурмæ Æз дæ бæсты ссардзынæн мæлæт. Ч’ * Уæд цы у, лæппу, дæ цард? Ихтæй пец куы скодтай ды, Доныл ды куы ссыгътай арт, Сау æвзонг лæппу, уæд ды Ау, рæсугъд чызджы зæрды Арт куыд не ’ссыгътай æппын? А САУ ЛÆППУ — ХЪУЫМЫХЪХЪАГ Мæ удæн адджын иу чызг уыд, Мæ зонд йæ уарзынæй фæцыд Æмæ пæ байсæфтмæ бæллыд А сау лæппу — хъуымыхъхъаг. Дзырдтон-иу: дурты бын, хъæлæкк, Тыхджын куы ныццæвид йæ зæнг, Куыд уа йæ ирвæзынгæнæг А сау лæппу — хъуымыхъхъаг.
Дзырдтон-иу: ей-джиди, æххæст Куы фæзылын уаид йæ цæст, Цæмæй йæ курæг уа æрмæст А сау лæппу — хъуымыхъхъаг. Зæгъын æй, лæппуты хуыздæр, Бæргæ, куы бафхæрид хъæбæр, Куы снæмид бафхæрæджы сæр А сау лæппу — хъуымыхъхъаг. Æмæ дзы ноджыдæр, зæгъыи, Куы ничи раппæлид æппын! — Гъе, ахæм фæнд зыдта кæнын А сау лæппу — хъуымыхъхъаг. Фæлæ фæстагмæ ссыд мæ маст,— Чындзы куы кодта рæсугъд раст, Уæд æй куы ракуырдта æваст А сау лæппу — хъуымыхъхъаг. Мигъау арв-ирдæй зындтæ Ды мæнмæ, рæсугъд чызгай. Хæхтыл дымгæйау зылдтæн Д’ агурæг, мæ хуры хай. Азгъæлд дидинæг бынтон, Дæу уæддæр нæ дæн уынаг... Æви фестадтæ, мæ бон, Къæвдайы æртæх, миййаг? Устытæй уыди мæнæн Хæхбæсты фæдзæхст: Тынг арф бауарзæг лæгæн Саугуырм у йæ цæст. 149
Уый ды дæр дæ зæрдыл дар,— Иухатт хæхбæсты Тынг арф бауарзты хабар Федтон хи цæстæй. Уый хуызæн нæ уыди раст, Ахæм рæсугъд чызг Бакодта мæлæтдзаг уарзт Иу къуыпрагъ лæджы! Тынг мæ басыгъта дæ уарзт Æмæ зилын ныр ,дæуыл, Афтæ ма фæзилы расг Цуанон рувасы фæдыл. Скодтай ды хæрз æрра мæн Æмæ дзурыс: «Уарзыс кæд, Зил мæ фæдыл уæд мæнæн Æмæ макуы саф мæ фæд». Фыхт цæджджинагау мæ маст, Нал мын уыд хуыссæг æппын, Сси мæ зæрдæ, цыма раст Фат æхсынæввонг æрдын. Загътон: «Сар кæндзæн дæ гæр,— Сахуыр дæн дæ митыл, зон». Ды фæсайдтай мæн уæддæр, Рувас басгуыхтæ бынтон. Æвзонг ма уыдтæн, уыд æфсæрмдзæст мæ каст, Тæрсын-иу мæ кодта уæд уарзт. Куы ралæг дæп æз, куы фæдæн ныфсхаст, Уæд уарзтад мæхицæй фæтарст.
— Цы бийыс уый къæбæлтæй, Мæ удлæууæн чызгай? Зæгъ-ма мын æй дзæбæхæй, Мæ худгæ хуры хай. Чындзы цæуæи хыз уыдзæн, Кæй бийыс, уый, миййаг? Æви дæ сæфт ныфсытæн Уыдзæнис уый мæрддзаг? — Чындздзонæн ис æндæхтæ,— Нæ, а фидæрттæй æз Дæуæн бийын ныртæккæ Дæхи æрцахсæн хыз. Хъысмæт у дугъон бæх, æнæдомд, Хæххон фæндагау цард у даргъ. Æмæ кæд ды пæ дæ æнæбон, Дæ хъысмæтыл уæд сæвæр саргъ! САМУРЫ БЫЛЫЛ Шалбуз æмæ Шахдаг нын Сæ урс худты кæм лæууыпц, Дагъистайнаг хæдзæрттæ Уæлдæр-уæлдæр кæм цæуынц, Фæлмæн уддзæф уæлвонгæй Кæм улæфы дæлæмæ, Æлæмытæ дыргъдæттыл Кæм калы хур йæ тæмæн,— Уым нарæг къахвæндагыл Æз дæлвæзтæм æрхызтæн, Æмæ ныррухс мæ зæрдæ Хæххон æрдзæн йæ хуызтæй: 151
Ыстыр даргъдзог гæдытæ Фæттау ныхсынц цъæх арвы, Фыдæлтыккон тæрсытæ Ныгъуылынц рухсы арфы. Куы хъазынц уым нæ цæуæт Чыртæ-чыртæ, æмудтæй,„ Ныццарауынц нæ кæмттæ Сæ зарджытæ, сæ худтæй. Уæзласæнтæ фæд-фæдыл Ыскъæфынц чъыр, хъæбæрдур, Уым скъолатæм куыд уайой Дæ хъæбул, стæй мæ хъæбул... Самур-доны æхсаргард Нæ быдыры куы фады, Республиктæн сæ арæн Ныр уый ног дугъ куы хаты... Азербайджан. лезгинаг Фæллойуарзаг дзыллæтæ Ныр бакодтой Самурыл Болат æндон дзылæрттæ... Сæ ерысы цæхæртæй Æхсæв дæр хур ыскæсы, Сæ ерысы цæхæртæй Сæ цард-гæнах куы рæзы. Дæрдбæлццон, кæд фæллад дæ, Æмæ дын у æххормаг, Уæд нæм æркæн еблагъуæ, Ис дзаг фынгтыл нæ хойраг. Агуывзæты куы судзы Нæ хæрздæф цай ныр лалау, Дæуæйуый нын ам хъуамæ Раст хицопау æвнала... Самур-донæн йæ былыл Æз бал-аууон куы бадын, Нæ зад бæлас куы систа Мæн ног дыргътæй æфсадын. Ыскъæфы мæм рæудымгæ Мæ хъæуккæгтæн сæ дзурын: — Мах бакусын кæндзыстæм Нæ пайдайæн Самуры... Уым фыдæнæн йæ нывтæ 152
Æз ауыдтон фæд-фæдыл... Цыма «Æрфæн» æрæнцад Нæ хъал дæтты гуылфæнтыл... Нæ горæтты, нæ хъæуты Нæ хæхтæ ’мæ быдырты Мæйæ-мæймæ куы рæзынц Стъалыты дзыгуыртæ. Йæ алвæрсты Самурæн Цы адæм нæй, кæй къона! Æфсымæрон зæххытæ — Æнæкæрон дыргъдонау. Нæ фæзты ’мæ нæ кæмтты Электровоз фæтæхы, Куы ивтындзынц гæрзармæй Æрвæрттывды — сæ бæхы. Шалбуз æмæ Шахдаг нын Сæ урс худты кæм лæууынц, Дагъистайнаг хæдзæрттæ Уæлдæр-уæлдæр кæм цæуынц, Фæлмæн уддзæф уæлвонгæй Кæм улæфы дæлæмæ, Æлæмытæ дыргъдæттыл Кæм калы хур йæ тæмæп,— Уым нарæг къахвæндагыл Æрхызтæн, стæй ысхызтæп, Æмæ ныррухс мæ зæрдæ’ Мæ хæхбæсты æнтыстæн. ФЫЦЦАГ ХАХХ Иæ тæдзынæг-ихтæ цæссыг калыи систоп. Цæуыл у сæ хъыг та? Зæгъ, цæй! Сæ тæккæ дзаг баисты малтæ æвзистæй Æхсæвæй гъенырмæ. Кæцæй? Нæ базырджын балтæ дыгæйттæй куы кæнынц Ам авдæнтæ — аив. Кæмæн? Цæугæ доны уадыидзы зæлтæ æмбæлынц 153
Уæларвыл цъæхснагæй. Цæмæн? Нæ гутондар сыджыт йæ армы æууæрды, Уый байдайы арфæ. Кæмæн? Фиййауы Хъызларæй ыскъæрын æрфæнды Нæ хохмæ йæ дзуджы. Цæмæн? Изæрæй чызгимæ уæззай кæнын хорз у, Дæларм-уæларм хæцгæ. Кæмæн? Нæ усджынтæн уый та хæлæггаджы хос у, Куы байдайынц сагъæс. Цæмæн? Æнæхъæн æхсæв дæр сæ фаг нæу ныхасæн, Сæ фаг нæу ныхасæн... Кæмæн? Кæй фæлмæн æнгасæй, кæй хуры æпгасæй Ыскалы мæйдар дæр Тæмæн? II Арвæрттывд йæ даргъ æхсаргард Уайтагъд — цъортт. Алы ран — йæ сæх-сæх даргъ уард... Дæтты згъорд... Уыдопы тыхджын хæл-хæлæй Байдзаг хъæу, Æртæхы æвзист цæхæрæй Судзы нæуу. Цыма стъалыты гуылфæнæй Байтыд хуым, Цыма йе ’стыр хид «Æрфæнæн» Фестад уым. Мæй бæрзонд хох Вацалайы Цъуппыл — царвы къусау, Тайы,
Ауыдта: Сырх тырыса та Чидæр уый сæрмæ ысдардта. Мад ын—дзыллæты фыцгæ туг, Йе ’хсар, не ’хсырф у, нæ дзæбуг. Рапырх куывд æрвон «Куысийæ». Хъазынц «Авд хойы» тыджджыйæ, Райы æрдз сæ фæлмæн худтæй, Фехсæм сæм, бæргæ, нæ худтæ... Фæлæ нæ, нæ дæттынц дзуапп, Цыма раст кæсынц чытапп... Уыдонмæ хъæуы тæхын, Уыдонæн хъæуы зæгъын... А изæр куыд хорз у, куы! Зарын мæ фæнды, бæгуы. Алыварс у иууыл цин, Цинæй та мæ хай фæци. Байдзаг адæмæй нæ уынг, Сабитæ ыскъæфынц зынг. Стыр æхсидæвтæ тæхынц, Тар æхсæвы рухс кæнынц. III Судзы, Судзы, Судзы арт, Байтыгъта йæ базыртæ... Сылты чыр-чыр хъуысы дард, Байдыдтой та хъазынтæ: Арты сæрты гæпп кæнынц Хорз æфсинтæ, чындзытæ... Фарны цæхæр фестад рыпдз, Чи нæ йæм ыстындзыдта! 153
Лæгтæн хурау — сылты уынд, Хъæр кæны бæрæг чидæр: — Ма басудз, хæххон сæгуыт, Ерысы дæ фæдджитæ!.. С’ алгъонийæ равзæры, С’ алгъонийæ азæлы: — Тас цæуæд æвыд цæхæр! Тас цæуæд æвзыгъд фæлтæр! Судзы, Судзы, Судзы арт, Байтыгъта йæ базыртæ... Сылты чыр-чыр хъуысы дард, Тынгдæр систой хъазынтæ... IV Алыгъд урс рихи зымæг, Райдзаст уалдзæг ралæууы, Æмæ та кæнынц бæрæг Хортауæч бон мах хъæуы. Быдыр айтыгъди уæрæх, Айтыгъди бæркад рагъæй. Сау рон та æрбаста зæхх Гутоны фыццаг хаххæй. Цымæ уый кæй фæд у, кæй? Цымæ уый кæй æнтыст у? Ерысдзауы сидт, уæллæй, Анхъæвзта бæрнджын куысты. Ыог хъуынджын худ дары къул, Февналы гæрæм худмæ... Сдзуры: «А лæппу, ныкъул Ды дæ цæст мæ рæсугъдмæ...» Лæг зыгъуыммæ скодта кæрц,—- Афтæ не ’гъдау амоны... 150
Мидбылты йæм худы æрдз, Æрдз ын иууыл амонд у... Раст цыма у дзаг йæ риу, Дзаг у цины уалдзæгæй... Уый кæй зиу цæуы, кæй зиу, Хуымты фаг сой уадзæгæй?.. Хуры тынтæ уым кæныпц Рухс фæрныг ыстыр хатæн. Сау мæр сау дзулау кæрдынц Цыргъ æфсæнтæ, дзыргъатæ... Нæуу сæ зарæгмæ хъырпы, Стæй кæлы йæ комы тæф. Хохæй дæлвæзтæм тырны Уызæлаг рæууон уддзæф. Фехсы дыгоппон йæхи, Арвы цъæхы азæлы... Гутондар сæрфы йæ хид Кадджын фæллой уарзæны... Систа иу сойдзаст къуыбар, Басмыста йæм: — Адджын дæ!.. Махæн ды кæныс лæвар Бонæй-бон бæркадджындæр... V Алкæмæн абон йæ уæлхæдзар Дурынтæ донæй — сæ тæккæ дзаг. Цыма сæ срæвдз чынди даргъ радмæ, Цыма сæ срæвдз чынди парадмæ. Къæлиндар фидауы хорз бонæй, Хорз колхоз, кусæг лæг — хордонæй. Адæм уæрæх дуæрттæ бакæнынц, Сабитæ цъус уынгтæм ракæлынц. 157
Ног хуымтæй здæхынц къобор галтæ, Зпæтæй сыл абухыиц богъатæ. Галты сыкъатыл — сырх бæттæнтæ... Афæлдæхтой та нæуувæтæнтæ. Адæм та? Быдыртæ — уыдон бар, Дзурынц: — Æгас цæуæд гутондар! Хуымы фыццаг хаххы автæр у. Уый хахх рæсугъддæр у, арфдæр у. Алчи æркъул кодта дурыптæ, Къæвдайы систой æмбулынтæ... Уарып, дæттæм дын æвдисæндар, — Кусæгæн басгуыхт цæдис-æмбал! Тугыл ын аскъуын йæ хорæрзад, Дардыл куыд хъуыса нæртоны зард. ...Хуымонтæ цин кæнынц уалдзæгыл Махæн йæ бæрæчет уадзæгыл.
Юсупов Нуратдан ХУР ÆМÆ МИГЪ Мигъ куыддæр æрцъынди хохыл, Афтæ йын сындзарм йæ рохыл Фидар, арæхсгæ æрхæцыд. — Ма ’внал! Ды — фæллад, фæлмæцыд,— Дзуры мигъ.— Цы кæныс? Чи дæ? Ныр кæй хъæуынц ам дæ митæ? Хур йæ тынтæ уæд æруагъта Ноджы тынгдæр рæвдз бæрзондæй, Æмæ мигъæп сабыр загъта: — Цæй, уæддæр цæуыл фæсонт дæ? Æз хæтын нæ хуымтыл ал-аз, Хъарм сæ дарын æз æдзухæй: Уый фæрцы фæтайы халас Уым æнæрынцой мæ къухæй. Æз мæ сой тынтæ куы ’руадзын,— Байдайынц уьтмæлы фæстæ Хъæды дидинджытæ хъазын, Æмæ — рагон тулдз бæлæстæ. Мигъ хæрдты фырмæстæй схъиуы: — Дарын æз мæ ныфс мæхиуыл! 159
Мæн куы бафæпда, уæд халас Баззайдзæни, фæлæ тагъддæр Дард дæхи мæ цурæй алас. Арв — ыстыр. Ды та уым ’ртах дæ! Æз тыгьд уыгæрдæнты кафын, Уый мын адджын у, уæлдæфау. Кæд ды дæ цæхæрцæст арвыл, Уæд æз тд — цæстыуæлтъæфал. Ды тæрсын кæныс дæ тынтæй,— Зон, нæ тæрсын æз дæ зынгæй... Мигъ дын фестæд. Хур æрбатар. Зилы й’ алыварс, æхст фатау. Быдыр фестад талынг мигъæй. Алырдæм ыл сау тæлм уагъта. Тулдз æртасыд, баззад джихæй. Дидинтæ дæр сæртæ ’руагътой. Здыхт сыкъа тохъхъыл дæр, акæс, Хæхты стыр дзугæй фæхицæн. Бацыд раст зæрдæйы сагъæс Бирæгъæй тæрсы йæхицæн. Ракæс, рухс хур, фен дæхæдæг, Мауал кæс бынырдæм зулмæ. «Ту сæдæ цыппар» — хæдтæхæг Батахт мигъты сæрты хурмæ. Уый — æххуыс дæуæн, æмбар æй! — Исты амал уыдзæн ам дæр; — Загъта хур,— æмæ хæларæй Радта рухс дæр æмæ хъарм дæр. Æз гыццыл нæ кодтон тухæн, Мигъ ысластон æз мæ тыхæй Раст мæ домбай кусæг къухæй Дæтты арфдæртæн сæ бынæй. Мигъимæ уал æз æрдзурон, Дард æй хъуамæ ’васт фæсурон;— 160
Хур куыд загъта, афтæ мигъæй ’Рхауд цæстысыг. Аззад джихæй... Араст уайтагъд хъæдтыл, фæзтыл. Фæндæгтæ æхсынтæ систа. Æмæ уарыди нæ бæстыл, Æмæ ’рттывтой, раст æвзистау. Хур ысхудти мидбыл худтæй, Æмæ радгай рарæгъ ласта Уæд йæ уарзон арт зынг къухтæй Авд æрдыны арвы астæу. ГУЫРÆН БОН I Скъæтæй райсомæй æваст Райхъуыст цингæнгæ ныхас: — Райгуырд ног хуры фæрдыг,— Райгуырд сау хъулон уæрыкк! — Уæрыккæн гуырæн бон уыд, Уæрыккæн мах кодтам цыт. Нæ хъарм уатмæ йæ сдавта Нана цæрдæг йæхæдæг. Нæ хъуджы ’хсыр ын дардта,— йæ дзидзи уыд сывæдæг. Дада сахаты фæстæ, раст, Йæ хуыссæнмæ фæуад, Иæ гобаны бынмæ ныккаст, Æмæ дзы фелвæста тетрад. Цæсткæсæнтæ æркæнгæ, Уый райста уæд къарандас, Æркодта дзы нысæнттæ: Бон, мæй æмæ гуырæн аз. 14 Дагъистайлаг зярингуырдтк
йæ тетрады фæфыста Цæрæгойты дзæбæх: Нæ цъæх хæрæг, нæ фыстæ, Нæ гæды ’мæ нæ бæх. Æз зонын уæрыккæн йæ гуырæн, Зæгъдзынæн æй æргом. Фæлæ мæ кæстæр æфсымæрæн Нæй тетрады йæ ном. — Зæгъон, дада, мæ фæндон: Дзæгъæлы у дæ куыст. Æфсымæрæн гуырæн бон Цæуылнæ ’рцыди фыст?! Дада, дын, уæд йæ урс сæр Куы батылдта мæтæн. — Нæма райгуырд æфсымæр,— Дзуапп радта уьгй мæнæн. Мæ дæлармы йæ систон, Æруагътон æй сындæг. Цыма уыди фæдисон,— Йæ къахдзæф уыд бæрæг. Цы ’хсызгон уыд мæ мадæн! — Ныффыссæн ын кæм и! — Лæппу райгуырди махæн! — Мад дзурынмæ фæци. Хабармæ алчидæр фæцæрдæг,— Нæ сыхыл айхъуысти уæрæх: Фыццаг къахдзæф йæхæдæг Æфсымæр акодта дзæбæх. Æфсымæрæн куы хъæуы кад. Дада та райста уæд тетрад,— йæхимидæг куы тыхсы, йæ райгуырд ын æрфыссы. 162
II Байрæзтæн. Æмæ мын бæх Уæд æлхæнын хъуыд: Чи уа уайынмæ дзæбæх, Афтæ сфæнд кодта мæ фыд. Æмæ донбылты хæрдмæ Уæд Таркийы хъæумæ мах Иубон суадыстæм сæумæ Бæх æлхæнынмæ тагъд. А хъæу йæ дугъон бæхтæй Рагæй уыд зындгонд. Уырдæм цыдысты хæхтæй:4 Барæг уа, хæстон. Æмæ уыцы хъæумæ ныр Адæм цас æрæмбырд, цас! Хъуысы йе ’фсургъты мыр-мыр, Хъуысы базарæй сæ уаст. Алы лæппу дæр йæ бæхыл Бады, бады йыл, лæгау. Уым лæууыд сæ фарсмæ зæххыл Иу лæппу, нæ уыд егъау. Бацыдтæн æм æз æввахс: — Дæу фæрсын, мæ хур, зæгъ мын,— йемæ райдыдтон ныхас, Ды куыд нæ бадыс бæхыл? Уый райгондæй мæнæн Дзуапп куы радта цырд: — Ацы дунейыл нæ дæн, — Æз нæма дæн гуырд. Уым бæзджын хъæлæсы уагæй Райхъуысти хъæлæба, загъд: Уый зæронд лæг, бæхыл бадгæ, Афтæ загъта тагъд: 163
— Кæд гогыз дæр йæ дыууæ къахыл Лæууы, цæуы сырх цырыхъхъыты, Кæд уасæг дæр сыджыт фæкъахы Дыууæ къахæй, кæны мыхъхъытæ, Кæд хъаз дыууæ къахыл лæгау, Цæуы цæрæнбонты, уæззау, Уæддæр уый диссаг нæу, Нæу кадджын уыдонæй нæ хъæу. Уый барджытæй у кадджын, йæ намыс айхъуыст раджы. Ис ма уе ’хсæн цымæ гъеныр, Чи нæ райгуырди дунейыл? Кæд æмæ ис, уæд ын уыдзæн Æххуысгæнæг лыстæгзæнг бæх, Æрмæст ыл бабадын хъæудзæн Æмæ йыл алырдæм дæр тæх! Бæхыл чи сарæхса бадын, Гуырдыл уый уыдзæн нымады!.. — ...Цы фæци саби? — Фестад арт! Зылды скалдта уый тæмæн. Хъуысы: — ’Нæ гуырдæй мæнæн Дарддæр ницы у мæ цард! — Бæхыл абадт. Бæх цæхгæр Алæууыд йæ фæстаг къæхтыл. Арт уыд, арт, Æмæ цæхæр. Зæххыл дæр нæ хæцыд, зæххыл. Бакæс-ма: Йæ быны кæрдæг, Цыма раст ыссыгъди тынг. Скалди цæфхæдтæй цъæх фæздæг, Скалди цæфхæдтæй сырх зынг. 164
Лæппу æртыккаг хатт разылд Æмæ уый мæнмæ хæстæг Къухæй фидар хæцгæ барцыл, Бæх фæурæдта цæрдæг. Æмæ акуывта йæ сæрæй, Хид ныссæрфта ныхæй. Дзыллæ нал æнцад йæ хъæрæй, Лæппуйæн зæгъынц æмдзыхæй: — Фистæг уыдтæ, ныр бæхджын дæ. — Сахъ гуырдыл нымад æрцыдтæ! — Æгас хæххон хъæутæ мæнæн Нымад кæд фæуыдзысты, кæд! Фыдæлтæй мах хæххон хъæутæн Ис алкæмæн йæхи ’гъдау, фæтк. III Сатæгыл фæраст уæм Бонæй хуры скастмæ... Загъта мын дада: — У афон Суайынæн Цовкрамæ, Уый æввахс у махмæ.— Ацыдыстæм иумæ кæртæй. Къахвæндаг цæхгæр фæхæрдмæ. Хъæу Цовкра ис хохы фæстæ — Рæтæныл цæуджыты бæстæ. Дардæй аивæй кæсын, Хъусын знæт доны сæр-сæрмæ. Йу зæронд лæг ис йæ сæрмæ. Уый æз дард ранæй уынын. Уый цы ’мбисонд у? Цы уынын? Æви федтон уый мæ фыны? Бацыдыстæм. Мæнæ диссаг! 165
Мах уым федтам арæхстдзинад! Лæг цæрдæг цæуы рæтæныл, Афтæ ма фæхизынц хъæдыл. Къухтæ, базыртау — фæтæнæй, Æмæ схъæр кæны рæтæнæй: —- Хъазы лæппынтæн нæу зын, Карчы цъиутæн у сæ бон Дугъоныл цæуын,— Уый мын у зындгонд. Фæлæ Цовкрайы хъæуæн канд Уымæй нæу хъуыстгонд йæ кад. Ды цæмæй нымад уай махмæ Гуырдыл, æмæ уай тæлтæг, Уый тыххæй æнæмæнг хъуамæ Згъорай рæтæныл цæрдæг... Хизы лекъаг чызг, фæкæс-ма! Рæтæныл йæ къах нæ сайы Æмæ фондз минуты фæстæ, Цирчы хорз хъазæгау уайы. Гуырæн бон ын арфæтæ Ныр æрвитынц адæмта?. IV — Цæй, мемæ цом, — куы загъта сæрды Нæ зæронд мад — гыцци мæнæн,— Æлхæнын ис, мæ хур, мæ зæрды Поэты хорз чиныг дæуæн. Кæй у поэттæй кадджын хъæу Цадæ, уый зонын хъæуы дæу. Куыддæр мæ зæрдæ уæд нырхæндæг, Куы загътон: — Цу уæд та дæхæдæг...— 166
Æваст мыл уый тыххæй гыцци Уæд дистæ кæныныл фæци. Куыд нæ уыд худæг, джихæй кастæн, Æмдзæвгæтæм фæцæуын, ау! Æз дæр уæд быдырмæ фæраст дæн, Зæгъын, фæхуыссон уым, фæлтау. Æз райхъал дæн, уынын — изæр Йæ сау базыртæ систа. Тыдта та хæхтыл хур цæхæр, йæ мондæгтæ сæ иста. Уынын — дæрддзæф ран стъалы, Цæст ныкъулгæйæ каст, Нæ уыди зæххæй уый уæлыйау, Æрхауд, тæмæнтæ калгæ. Нартхоры нæмыг дæр ма уыйау Нæ тæвд къæйыл фæхауы ’васт. Уыдæттыл æмдзæвгæтæ ныффыстон, Фæлæ уайдзæфтæ куы хъуыстон: — Цæмæй поэтыл уай нымад, Гъе уый тыххæй бæлвырд Райгуырын хъæуы, фæлæ нырма Дунейыл нæма дæ гуырд!.. — Диссаджы тæмæн калгæ изæртæ... Ногæй та æмдзæвгæтæ нывæндын, Уымæн æмæ, о, мæ хорз хæлæрттæ, Царды мæн æнæгуыргæ нæ фæнды.
Лбакаров Лхмедхан ПЫЛЫСТÆГÆЙ ЛУЛÆ Абон кæсагахсджытæн сæ хъуыддаг ацыд — ацы аз уый бæрц никуыма бакуыстой. Гъе уымæн рай- дзаст сты сæ дымгæнад, хурсыгъд цæогæмттæ. Æмæ йæ фæллойыл куы нæ цин кæна кæсагахсæг, уæд ма уæдæ цæуыл? Æрмæст кæсагæй дары йæ бинонты. Æмæ уый тыххæй хъæбысæй хæцын хъæуы денджы- зимæ. Денджыз та рæдау арæх нæ вæййы. — Ныр нын нæ хæдзæрттæм цæуæн дæр ис! — загъта зæронд лæг, кæсæгтыл йæ цæст ахæсгæйæ. „ Уый зæрдиагæй пъæртт ласта лулæ, стæй йæ йæ сыхагмæ радта, йæхæдæг бæлæгъ тæрæнмæ бавнæлд- та æмæ йæ былырдæм разилын кодта. Сыхаг дæр адымдта, фæздæгæй къалацитæ рауагъта æмæ лулæ æндæр кæсагахсæгмæ авæрдта. Афтæ лулæ се ’ппæ- тыл дæр æрзылд. Былгæрон дард уыд. Кæсагахсджытæ сæхиуыл хæ- цын фæрæзтой æмæ дзы йæ цин æргомæй ничи æв- дыста. Цалынмæ зæхмæ рахизай, уæдмæ дæ зæрдæ- йы уаг макæмæн схъæр кæн, кæннод дæм хуыцау смæс- ты уыдзæн æмæ дын исты бæллæх сараздзæн. 171
— Боныхъæд мæ зæрдæмæ нæ цæуы,— арвыл йæ цæст ахæсгæйæ, загъта зæронд кæсагахсæг.— Æриут- ма мæ лулæ, кæм и? Иæ сæр баст кæмæн уыд, уыцы кæсагахсæг зæрон- дæн йæ лулæ радта. Уый уыди рæсугьд дзаума — пы- лыстæгæй, й’æ уæлæ — сызгъæриндонытылд æвзист цæгтæ. — Дæ лулæйы фæздæг, Луис, зæрдæйæн цы æхсыз- .гон у! — загъта уый. — Кæсаг ахсынмæ куы фæцæуæм, уæд-иу æй æдзухдæр демæ хæсс. Абон нын амонды хос фæци! Ард дын хæрын, ай хуымæтæджы дзаума нæу!.. Чысыл дарддæр хызимæ цы кæсагахсæг архайдта, уый йæ куыст фæуагъта æмæ мæстыйæ дзуапп радта: — Ахæм дзæгъæлдзыхæн йе ’взаг ахауын кæн! — Цæй, ацы хатт ын ныббарæм. Æнæрхъуыдыйæ йæ загъта. Фæлæ уæддæр уадæй нæ аирвæздзыстæм! — дзырдта Луис æмæ йæ галиу къухæй лулæйыл фида- рæй æрхæцыд, цыма йын æй денджыз байстаид æмæ уымæй тарстис, уыйау. Луис æдзынæг размæ кастис, арв æмæ дон кæм баиу сты, уым агуырдта зæхх — цы былмæ бæллыды- сты, уый. Кæсагахсджытæ дзæгъæлы нæ катай кодтой. Сау мигьтæ хæлбурцъытæ байдыдтой æмæ ма хуры тынтæ тыххæй-фыдæй се ’хсæнты зындысты. Дымгæ фæ- хъæхъхъагдæр. Къуыпрагъ уылæнтæ сæхи бæрзон- дæй-бæрзонддæр æхстой æмæ бæлæгъы тынгæй-тынг- дæр раппар-баппар кодтой. Уалынмæ сыстади уад дæр. Уылæнтæ хæйрæдж- джын кафт райдыдтой, фурды бирæ тыфылты чн фæ- ци, уыцы богалы дæр иу ран нал уагътой. Фæлхъæ- зæнты сæрмæ стæхгæйæ-ну,. йæ хъыррыст ссыд, фæй- нæрдæм фæйнæггай куы фæхауа, уымæй йын тас уыди. — Ныфсджын ут, лæппутæ! — дзырдта йе ’мбæлт- тæн Луис.— Былмæ нæ бирæ нал хъæуы, уым нæм нæ бинонтæ, хъарм æхсæвæр æнхъæлмæ кæсынц! — Дæ лулæ хъахъхъæ, Луис! — бахъæр кодта, йæ сæр баст кæмæн уыд, уыцы кæсагахсæг. — Денджыз уынаг у, йæ зæрдæмæ фæцыдис. 172
Бæлæгъыл йæхи цы уылæн ныццавта, уый абухтæй лæджы ныхæстæ нал райхъуыстысты. Уад стыхджын. Денджыз бæлæгьæй хъазыди, мæнæ цыма æнгузы цъар уыд, уыйау. Уалынмæ, æнахуыр сырды дзыхмæ бахауæгау, доны бын фæци, фæлæ та уайтагъд уылæны рагьыл скафыди. — Нæ, денджыз! Дæ къухы нæ бафтдзæн мах ба- сæттын, кæд нæ бæлæгъ лæмæгъгомау у, уæддæр,— зæрдæ æвæрдта Луис кæсагахсджытæн. Ивæзт бæндæныл хæцгæйæ, зæронд кæсагахсæджы бафæндыд бæлæгъы фындзырдæм бацæуын, хыз чи æфснайдта, уыцы æмбæлттæн баххуыс кæнын. Егъау уылæн йæ быны анорста Луисы. Куыддæр дон бæлæ- гъæй алыгъди, афтæ кæсагахсджытæ федтой: Луис цыдæр агуры, стæй йæ тарст ныхас райхъуысти: — Мæ лулæ ахауд! Кæсагахсджыты уый афтæ базмæлын кодта, æмæ сæ фыдбылыз æрбайрох. — Уæртæ ис! Мауал æй ауадзут! — фæхъæр лас- га чидæр. Лулæ чысылгай бæлæгъы былмæ фæцæйбырыд, фæйнæджыты къуызырыл фæстиат кæнгæйæ. Уылæн- тæ та йæ ластой æмæ ластой. Кæсагахсджытæ федтой, Луис йæхи лулæйырдæм куыд аппæрста æмæ йыл йæ къухæй куыд фæхæст, уый. Фæлæ уалынмæ лæг цы- дæр æрбаци — уылæн æй йæ быны акодта. — Луис доны ныххауд! — райхъуыст тарст хъæртæ. — Фервæзын æй кæнæм! Æмбæлттæ Луисмæ аппæрстой бæндæн. Уайтагъд- дæр æй фæстæмæ бæлæгъмæ сластой, йæ дзыхы йæ лулæ, афтæмæй. — Нæ уын загътон, денджыз уынаг у, зæгъгæ,— сæ зæрдыл сын æрлæууын кодта бастсæр кæсагах- сæг.— Дæ лулæ дын федта æмæ дын æй байсынмæ хъавыд. ДенджУзы дзæгъæлы хæзнадон нæ хонынц. Фæлæ денджыз, цыма лулæ йæ къухы нæ бафт- дзæн, уый бамбæрста, афтæ æнцаддæр кæнын рай- дыдта. Арв фæрухс æмæ кæсагахсджытæ был фед- той. Уæдмæ бæлæгъ наулæууæнмæ бахæццæ, æмæ сæ 173
бинонты цинæн кæрон нал уыди. Луисы йæ ус афа’р- ста: — Дæ лулæ ма æнæхъæн у? Луис мидбылхудгæ йæ сæр батылдта. Уыцы хабар æрцыди Данийы зæххыл, Цæгат-ден- джызы былыл. Æмæ уæд цавæр у, даниаг кæсагахсджытæ афтæ зæрдиагæй цы лулæ хъахъхъæнынц, уый? Дагъистаны хæхты астæу бæрзонд ран æрæнцади Кубачийы хъæу. Акка-хохы фахсыл хъæуы цæрджытæ сты зæрингуырдтæ. Историмæ лæмбынæг чи æркæса, уый ссардзæн, рагон заманы хабæрттæ фысджытæ уыцы гæрзарм адæмæй куыд æппæлыдысты, уый. Ку- бачинæгты уæд хуыдтой «зирехгеранцтæ», ома «згъæр- хæдонгæнджытæ». Æрмæст иунæг хъæуы чи цæры, уыцы кубачинæг- тæн ис сæхи истори, сæхи культурæ, сæхи æвзаг. Уы- цы æвзаг Дагъистаны иннæ адæмтæй никæйы æвза- джы хуызæн у. Фæлæ нæ ныхас историйыл нæ уыдзæн. Фæлтау уыцы дæсны куыстмæ бакæсæм. Бон æрбарухс. Артелы уæнгтæ æрлæууыдысты сæ куыстыл. Æвиппайды дуар фегом æмæ агъуыстмæ базгъйрдта Расул. Йæ къухы — гæххæтты гæбаз. — Æмбæлттæ, писмо райстон! — хъæлдзæгæй хъæ- рæй загъта уый æмæ йæ худ зæххыл ныццавта. — Дæ хорзæхæй, ахæм диссаджы хабар у, цæмæн нæ къуылымпы кæныс? — уайдзæфгæнæгау загъта кусджыты хистæр, фындзы кæлмæрзæнæй йæ кæсæн- цæстытæ сæрфгæйæ.— Писмотæ нæ алчидæр исы, фæ- лæ уый тыххæй фæдис нæ кæнæм. — Ай хуымæтæджы писмо нæу. Дард, æндæр бæс- тæй æрвыст у,— бамбарын кодта Расул. — Кæцæй? — сцымыдис сты адæм æмæ Расулы алыварс æрбамбырд сты. — Данийæ! Фыссы йæ иу кæсагахсæг... Куыд хуынд?.. Йæд... Луис — йæ ном! — Æмæ дæм фысгæ та цы кæны уыцы æндæрбæс- таг? — ныр æй фæлмæн хъæлæсы уагæй бафарста хи<ртæр. 174
— Мæнæ ма йæм байхъусут! — æмæ Расул писмо кæсын райдыдта: «Æз уарзын уæ адæмы аивад æмæ культурæ. Гъе уымæ гæсгæ сфæнд кодтон сымахмæ писмо ныффыссын. Журнал «Советон Цæдисы» иу чи- ныджы федтон сымах конд диссаджы дзаумæттæ. Цы дæсныдзинад уæм ис! Мæхи амондджын хонин, уыцы дзаумæттæй мæ зæрдæмæ тынг чи фæцыд, уыдонæй мæ иу уæддæр куы уаид, уæд. Æз дзурын иттæг рæсугъд лулæйы тыххæй. Уый даниаг кæсагахсæгæн у йæ зæр- дæдарæн. Фехъусын мын кæнут, мæ хорз хæлæрттæ, ис ын балхæнæн æмæ цас у йæ аргь? Луис Йенсен». — Уый та ма цавæр аргъы кой у! Фæллойгæнæг кæсагахсæг куы у. Ау, мах æгьдæуттæ нæ зоны? — загъта хистæр.— Хæххон лæг æндæрбæстагæн хъуамæ йæ усаджы дæр радта, йæ зæрдæмæ куы фæцæуа, уæд. — Кæсут-ма! Адрис куыд цыбыр ныффыста: «Уæ- рæсе. Кубачи»,— райдыдхой дзурын иннæтæ дæр, пис- мотæ кæсгæйæ. — Æмæ уæм уый цы диссаг кæсы? Æгас дунейыл иунæг Кубачи йедтæмæ нæй,— сæрыстырæй загъта хистæр. Стæй бахудт æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыд- та: — Мæнæ иннæ планеттæй пост цæуын куы райдайа, уæддæр нæ адрис цыбыр уыдзæн: «Планетæ. Зæхх. Кубачи»! — Æгæр æй нæ фæхъæбæр кодтай, нæ фыды хай? — бахудтысты се ’ппæт дæр. — Æз кубачиæгты дæсныдзинадæй сæрыстыр дæн, мæ хуртæ. Æриут-ма уыцы гæххæтт, æз дæр æй фенон,— зæронд æй йæ къухмæ райста, цæмæндæр æм басмыста.— Денджызы сатæджы тæф кæны! — Уæдæ куыд загътай? Кæсагахсæджы писмо у! — Зæххы къорийы фæллойгæнæг адæм се ’ппæт дæр афтæ кæрæдзимæ писмотæ куы фыссиккой... — Уый нырма райдиан у, нæ фыды хай. Махмæ та афтæ зæгъынц, хъуыддагæн райдиан йе ’мбис у, — загъта Расул, йæ зырны раз æрбадгæйæ. — Цæй, уæдæ ныр цы кæнæм, хорз адæм? — Лулæ! Хистæры цыбыр дзуапп се ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыд. — Арвитæм Луисæн лулæ! 175
— Æнæмæнг ын æй арвитæм! Мах ссардтам нæхи- цæн хæлар. Хæлар ссарын та арвæй стъалы раскъæ- фынæй зындæр у. Уыцы кадджын дзаума арæзтой иууылдæр иумæ. Пылыстæг къухæй-къухмæ истой. Алчидæр ын æвгъау нæ кодта йæ дæсныдзинад æмæ дзы уалынмæ лулæ рауади. Стæй йæ сфæлыстой сыгъдæг æвзистæй сыз- гъæриндонытылд цæгтæй. Алкæйы дæр фæндыди лу- лæйæн исты хорздзинад скæнын. Фондз сахаты æмæ æрдæджы фæстæ лулæ уыди цæттæ. Уый бирæ рæстæг у. Лулæ саразыныл дыууæ сахатæй фылдæр нæ. хъæуы. Фæлæ ныр нæ тагъд код- той, уый уыди хæлары лулæ, æмæ уый тыххæй уæлдай сахат ницы хъыгдардта. Лулæ арвыстой Данимæ. Райста йæ Луис Йенсен. Фæлæ дзы тамако дымынц кæсагахсджытæ иууылдæр, Луисы æмбæлттæ. Уыдон хæзнайау хъахъхъæнынц дард Дагъистанæй æрвыст лæвар, хонынц æй ыстыр зынаргъ дзаума, амондхæссæг лулæ. Æмæ куыннæ, куыннæ йæ схондзынæ афтæ, кæд æмæ уый у даниаг кæсагахсджыты æмæ Кубачийы хъæуы зæрингуырдты хæлардзинады нысан! култум Цыма фыртагъд згъордæй æдзæм фесты, афтæ рындзы фахсыл пака нымæтхудджынтау лæууынц ин- гæнты цыртытæ. Цæй сабыр у, цæй æнцад у æрдз! Æгомыг цыртытæ... Уыдон æмбæхсынц бирæ фæлтæр- ты сусæгдзинæдтæ. Фæлæ сæ базонæн ис æрмæстдæр, чи кæд райгуырд, чи кæд амард, уыцы хæрзчысыл бæрæггæнæнтæ, уый дæр уæд, æмæ сæ кæд рæстæг нæ сихсийын кодта. Ингæнтыл цы даргъ кæрдæг æрзад, уый, цыллæ хаутау, фæлмæн дымгæ фæйлауы. Зæрдæйæн ахс- джиаг чи у, ахæм бынатыл нымад сты уæлмæрдтæ. Хæххон адæм сын бæстон хъахъхъæнынц се ’нцойдзи- над. Стыр къабузджын бæласы аууон æрæмбæхсти чы- сыл урс зæппадз; йæ цъуппыл — къоригонд тымбы- лæт; рудзгуыты бæсты йын уыд цыппæрдигъон хуын- 176
чъытæ. Уый у Баматайы ингæн, ухбухты пысылмон динмæ чи раздæхта, уыцы номдзыд шейх Хаджи-ибн Баматайы ингæн. Фæстаг азты йæм адæм арæх кæй не ’фтыдысты, æмæ йæм цы къахвæндаг уыд, уый дæр скæрдæг. Адæм-иу сæ сывæллæтты тæрсын кодтой уыцы бына- тæй. Уым, дам, кæлмытæ æмæ хæйрæджытæ ис. Æмæ- иу сабитæ боныгон дæр стæм хатт уæндыдысты шейхы ингæны цурты цæуын. Æрмæст-иу æм бæлæттæ ба- тахтысты. Фæлæ абон уыцы зæппадзы цур фæзынди, йæ иуæн- дæс азы карæй бæрзонддæр чи уыди, ахæм тæнтъи- хæг, бæгъæввад, бæгъæмсар чызг, нывæфтыд джип- пæйфыст къабайы. Хæкъуырццæй куыдта æмæ йæ цæс- тытæ йæ къухы уæлæрттæй сæрфта. Уымæй чысыл фалдæр, ацæргæ лæгтæ, бухайраг худты, тархуызæй ныгæдтой Бахмуды. Сидзæрæй баззайгæ чызг хуынди Култум. Ахуыр та кодта цыппæрæм къласы. Пысылмон æгъдаумæ гæсгæ марды баныгæдтой, хъуыранæй бакастысты цалдæр сæргонды, стæй сæ бы- нæттæй сыстадысты, æмæ цыма сабырдзинад фехалы- нæй тарстысты, афтæ æнцад къахдзæфтæ кæнгæйæ, сæ хæдзæрттæм араст сты. Куыддæр уыдон фæаууон сты, афтæ чысый Култум базгъордта йæ фыды ингæнмæ, уымæл сыджытыл адæлгом æмæ нынниудта. Изæры уазал уддзæфæй йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, сæхимæ йæ здæхын^кæй хъæуы, уый та йын æхсæвы тар бамбарын кодта. Сæргуыбырæй рараст хъæу- мæ. Мæнæ йæ хæдзар. Кæрт адæмæй — йедзаг. Рухсаг ын кодтой, мысыдысты Бахмуды хорздзинæдтæ. Фæ- лæ уыцы дзыллæйæ иу дæр не ’рхъуыды кодта чыз- джы, ничи йæм ницы сдзырдта. Култуммæ уый тынг хъыг фæкаст: ау, адæймаг нæу? Æви йæ фыд нæ амард? Дыууæ уæладзыджы дæр мæрддзыгойæ къах бавæ- рæн нæ уыд. Æрмæст ничи уыдис, Бахмуд йæ фæрын- чыны агъоммæ бирæ лыстæг нывæфтыд зæрин куыс- тытæ кæм кодта, уыцы чысыл æрмадзы. Чызг ын йæ дуар бакодта, мидæмæ бахызт æмæ-иу йæ фыд кæм бадти, уым зырны фарсмæ арсдзармыл йæхи æруагъ- 12 Дап.истайнаг зæрпнгуырлтæ 177
та. Култумы зæрдыл æрбалæууыдысты, баба-иу æй й’æ цуры куыд сбадын кодта, аргъæуттæ йын-иу куыд кодта,саби йæм-иу куыд бирæ хъусын уарзта, фыдæн- иу исты тагъд кусинаг куы уыди, уæд-иу æм аххуыс- мæ куыд фæдзырдта, æмæ уый дæр арæхстджынæй куыд архайдта, цæттæ дзаума-иу хъæдабæйы гæбазæй куыд сæрфта æмæ-иу æй куыд сæрттивын кодта, уый. Саби-иу æй алцæмæй фарста: куыд аразгæ сты, куыд сæ кæны. — Дæ фыды ма хъыгдар. Уый чызджы куыст нæу. Фæлтау дæ уроктæ сахуыр кæн,— æдзух ып дзырдта йæ мад, æмæ-иу æй æрмадзæй расырдта. «Цæуылиæ у чызджы куыст?» — йæхинымæр арæх хъуыды кодта Култум. Раст зæгъгæйæ, сæ хъæуы иу дæр нæ уыдис чеканщик, кæнæ гравюрæйы куыст чи кодта, ахæм сылгоймаг. Цармы уæлæ гæдыйау ныттымбыл Култум æмæ бафынæй. Æхсæв-бонмæ дæр уыцы уазал æрмадзы баззадаид. Фæлæ мадæн йæ чызг куынæ зынди, уæд фæудаист, уайтагъд æй ссардта æмæ йæ хъарм уат- мæ æрбакодта. Дыууæйæ дæр райсомæй райхъал сты гоигы хъæр- мæ. Кусджытæ цыдысты артелмæ. Бикæ фестад. Фæ- лæ уадидæгæн фембæрста, абон -уыдон хæдзарæй ку- сынмæ кæй ничи цæудзæн, уый, æмæ фæстæмæ йæ хуыссæны æрбадт, стæй йæ чызджы сæр рæвдаугæ къухæй æрсæрфтытæ кодта. — Ахицæн дæ фыд махæй. Æнцон нын нæ уыдзæн æнæ кусæгæй. Уæд та мын ды лæппу куы фæуыдаис... Дæ фыды бæсты куыстаис. Охх, зын у, зын! Мæ хъæ- бул, хорз мын ахуыр кæн. Култум æнцад хъуыста. Æнæуи дæр бирæ дзураг иæ уыд. Ныр та йæ сæры ног æмæ ног хъуыдытæ æв- зæрдысты. Уатæй сахаты дзинг æрбайхъуыст. Култум сабыргай сыстад. — Æна, мæн скъоламæ цæуын хъæуы. — 0, о, мæ къона. Уæуу, мæнæ мæм сыстын куыд нæ цæуы! Куыддæр ныууæззау дæн. — Æна, æмæ уал хуысс! Цай мæхæдæг скæндзы- ;нæн. 178
— Æгæр тагъд нæ ныууагътай, Бахмуд,— ногæй та бардиаг кодта Бикæ. — Мауал хъыг кæ... Кæуынæй ма раздахæн куы уаид мæ ф’ыдæн, уæд æз дæр кæуин демæ. Мах нæ цардыл ахъуыды кæнын хъæуы, æна. — О, о, мæ гыццыл къона, о, мæ зонды къуыбы- лой. Цу-ма, рахæсс дæ фыды къопп, æркæсæм, цы ма нын ныууагъта, уымæ. Култум йæ дзыккутæ бигæйæ бацыд æрмадзмæ æмæ йæ фыды къопп рахаста йæ мадмæ. Къоппы разынд цалдæр æвзист æнгуырстуаны, иу дæсы бæрц сызгъæриндонытылд къухдарæнтæ, дыу- уæ-æртæйы фæлыст хъуссæджытæ. — Бирæйы фаг нын не ’сты,— арф ныуулæфгæйæ, загъта Бикæ. Цы митæ кæндзыстæм. Уæд та йын, мæ хъæбул, йæ кусæнгæрзтæ ауæй кæнæм. Култум æм æмбаргæ каст бакодта,— нæ фæцыд йæ зæрдæмæ мады фæнд. — Лæппу мын куы уаис, уæд сæ бæргæ нæ ауæй кæнин,— загъта Бикæ. — Сылгоймагæн та ахæм æрм’- гуыст не ’мбæлы. — Куыд дæ фæнды, афтæ бакæн, æна, — æнæба- рыгомау загъта Култум, фæлæ сæ æз мæ фыды номыл фæдарыны тыххæй ныууадзин. ^ — Акæс-ма, уый мæ хъуыдыйы дæр не ’рцыд,— загъта Бикæ. — О, о, фыды рох кæнын нæ хъæуы. Цы гæнæн ис, ныууадзæм сæ. Фæлæ тæссаг у, куы сæ фæ- хæссой фæйнæрдæм. — Æмæ нæм гуыдыр куы ис. Чызг тыргъмæ рауад, йæхи ахсадта, цай ацымдта, йæ хызын райста æмæ скъоламæ ацыд. Фыццаг урок уыдис нывкæныны урок. Ахуыргæнæг Култумы фæйнæгмæ рахуыдта. Уый хъуамæ тæрхъу- сы ныв сарæзтаид, фæлæ йæ цæрæнбонты дæр удæ- гас сырд никуы федта, æмæ йын фæйнæгыл цыдæр пыхцыл рихиджын гæды æви даргъхъусджын хæрæ- джы хуызæн рауад. , Ахуыргæнæг æм бацыд, мел ын йæ къухæй райста æмæ цалдæр хаххæй тæрхъусы ныв акодта. Чызг, мæгуыр, бамæстджын. 179
— Култум, архай, цы феыай, уый зæрдыл бада- рыныл, — загъта ахуыргæнæг. — Ныр та уал сбад. Уый сæргуыбырæй рацыд, Маиафимæ цы партæ- иыл бадт, уырдæм нæ, фæлæ æппæты фæстагмæ. Йæ кæуын йæ хъуырмæ схæццæ. Урокты фæстæ Манаф ахуыргæнинæгты фæурæдта æмæ сык загъта, Култумы стыр маст кæй ис, йæ уа- вæр тынг зын кæй у, æмæ йын баххуыс кæнын кæй хъæуы, уый. — Æз никæй æххуыс хъуаг дæн. Цы мын тæри- гъæдтæ кæнут? Цæй тыххæй? — Сидзæрæй баззадтæ, Култум, — загътЗ Ма- наф,— дæ фыд амард. — Мæ фыд нал ис, мæ, мад—æгас, мæхæдæг—æгас! Култум йе ’мбæлтты хъуыргъуындæгæй фæуагъта, йæхæдæг скъолайæ азгъордта. Сæхимæ куыддæр бахæццæ, афтæ хъуамæ йæ фы- ды æрмадзы смидæг уыдаид, фæлæ дуар гуыдырæй æхгæд разынд. — Æна, хорз бакодтай, дуарыл гуыдыр кæй сæ- вæрдтай, уымæй. Зæгъ-ма, дæгъæл кæм нывæрдтай?— бафарста Култум йæ мады. — Цæмæн дæ хъæуы, мæ гыццыл къона? Чызг фаэкъуылымпы ис. Рацыд иу афæдз. Култумы хызыны цыппæрæм къласы чингуыты бæсты фæзынд фæндзæм къласы чингуытæ. Гъемæ та мæнæ нывкæныны урок. Ахуыргæнæг Култумы ногæй рахуыдта фæйнæгмæ æмæ йын загъ- та, цæмæй сараза исты кубачинаг орнамент. Цырд æмæ фазлтæрд хуызæй архайдтой йæ къухтæ фæйнæ- гыл. Скъоладзаутæ йæм дисхуызæй кастысты. Уалын- мæ сæ размæ фæзынди рæсугъд нывæфтыд — зынгæ мастер Уста-Тубчийы «Махарай». Уый фарсмæ ма Култум рог хæххытæй тæрхъус уырыдзы хæргæйæ дæр ацарæзта. Ахуыргæнинæгтæ дызæрдыг нал код- той, ацы хатт Култум «фондз» кæй райсдзæн, ууыл. — О, о! — зæрдæбынæй загъта ахуыргæнæг æмæ Култумæн ацамыдта, цæмæй уый йæ бынаты ,сбада, стæй скъоладзаутæм разылд æмæ сын загъта: 180
— Хæдзармæ уын мæнæ ахæм куыст: алчидæр уæ сныв кæнæд мæнæ ахæм дзаума йæ тетрады. Уый уыди ахуыргæнæджы стырдæр аргъ Култумæн. Æмæ улæфты рæстæджы ахуыргæнджыты уаты ныхас куы рауади, скъолайы къулы газет аразын кæмæн ба- хæс кæнæм, зæгъгæ, уæд сæ иу загъта Култумы пом. Дыккаг бон уымæ бацыд Манаф æмæ йæм равдыс- та, портсигары сæрыл æрæджы йæ фыд цы орнамент сарæзта, уый. — Цы агуырдтай, уый дын æрбахастон, Култум. — Бузныг! — загъта чызг, æмæ портсигары ныв- æфтыд йæ блокноты ацарæзта. — Цæмæн дæ хъæуы уый? — бафарста Манаф. — Фæлварын нывæфтыдтæ кæнын,— дзуапп радта Култум. Æмææцæгдæр чызг æрæмбырд кодта хъæубæсты хуыздæр зæрингуырдты орнаменттæ æмæ дзы иу ныв- æфтыд иннæмæй æнцонæй иртæста. Хæдзары Култум хорз зылди йæ рынчын мадмæ, сихор цæттæ кодта, дон хаста, хъуццытæ дыгъта. Мад бонæй-бонмæ тынгдæр фиппайдта, йæ хъæбу- лы зæрдæйы уаг куыд ивы, уый. Чызг ссис ноджы мадзурадæр. Кæд раздæр иунæгæй тыхсти æмæ талын- гæй тарсти, уæд ныр йæ ныййарæгæй фæкуры, цæмæй йæ уаты иунæгæй ныууадза. Фæлæ тæккæ ахсджиаг- дæр цау уый уыди, æмæ фыды шкатулкæ алæмæттаг кæй ссис. Кæд-иу Бикæ къуырисæры систа æмæ уæй кæнынмæ ахаста, шкатулкæйы цы нывæфтыд дзаумæт- тæ уыди, уыдон иууылдæр, уæд та-иу иннæ къуыри- сæрмæ йæ тæккæ дзаг ацис. Фæлæ мад уыцы диссаг раргом кæнын нæ уæндыди, хæйрæг ын куы нал æх- хуыс кæна, уымæй тæрсгæйæ. Уый æууæндыдис, уыдон дæлимонты æрмдзæф кæй уыдысты, ууыл. Йæ ныййа- рæгимæ дис кодта чызг дæр... Фыды шкатулкæ сын стыр ахъаз уыди сæ царды, æмæ уалдзæджы иннæ сыхæгтау уыдон дæр базылды- сты сæ хæдзармæ. Иу рæстæджы хъæубæсты зæрингуырдтæн конкурс расидтысты хуыздæр нывæфтыд дзаумæттæ скæныныл. Уыцы хабар фехъуыста Култум дæр æмæ Манафæн 181
загъта, цæмæй артелмæ бацæуа æмæ конкурсы хъуыд- даг бæстон базона. — Æмæ мæ куы бафæрсой, цæмæн дæ хъæуы уый зонын, зæгъгæ, уæд та сын цы зæгъдзынæн? — загъта ма Манаф. — Уæд сын зæгъ, къулы газетæн нæ æрмæг хъæ- уы, зæгъгæ. Манаф сæххæст кодта Култумы фæдзæхст: артел- мæ ацыди æмæ базыдта, зæрингуырдты се ’сконд ныв- æфтыд дзаумæтты мæйы æмгъуыдмæ конкурсмæ рат- тын кæй хъæуы, уый. Иу райсом раджы, скъолайæ здæхгæйæ, Култум бауади зæрингуырд Уста-Тубчимæ æмæ йын равдыста, чысыл зынаргъ дуртæй æмæ лыстæг нывæфтыдтæй аив арæзт чи уыди, ахæм браслет. — Мæ фыды шкатулкæйы йæ ссардтон! — загъта Култум. Уста-Тубчи лыстæг æркаст браслетмæ. — Нæ, мæ чызг, уый дæ фыды конд нæу. — Уæд цæуылнæ? — фæдис кодта Култум.— Чи зо- ны æмæ йæ нывæфтыд тынг бæстон арæзт нæу? — Нæ, ацы зæрингуырды къух фидар хæцыди ку- сæнгарзыл,— загъта Уста-Тубчи.— Дæ фыды та æз хорз зыдтон: уымæн нæ уыди дыууæ рахиз æн- гуылдзы. — О... — ферхæцæгау кодта Култум. — Ай æцæг гæрзарм адæймаджы куыст куы у,— загъта Уста-Тубчи æмæ кæсæнцæстыты сæрты чызгмæ бакаст. йæ сæр дæлæмæ æруадзгæйæ, чызг йæ ризгæ къухæй аууæрста йе ’фцæгготы кæрон. — Цыфæнды уæд, мæ фыды хай Тубчи, æз ацы браслет æрхастон дæумæ равдисыны тыххæй. —Æмæ Култум разгъордта уынгмæ. Уста-Тубчи бацыд рудзынджы размæ æмæ æдзынæг касти браслетмæ. — Куыд раст æмæ бæстон конд сты нывтæ!.. — цы- мыдисæй дзырдта Уста-Тубчи.— Нæ, ацы дзаума æнæ- мæнг раттын хъæуы конкурсмæ. Усай, æз аходæн нæ ^æрын, артелмæ тагъд кæнын. Конкурсмæ цы дзаумæттæ равзæрстой, уыдонимæ >уЬ1ди, Култум Уста-Тубчимæ цы браслет бахаста, уый 182
дæр. Музейы витринæйы йæ бынмæ фыст уыди: «Брас- лет саразæг зæрингуырды ничи зоны». Фæлæ уæддæр артель браслеты тыххæй æхца радта Бахмуды би- нонтæн. Зæрингуырд Уста-Тубчи йæ дыууæ хæларимæ фæс- æмбисæхсæвмæ фæбадтысты. Æнæнхъæлæджы æхсæв- æттæ хизæнуæттæй Манаф æрхæццæ фынк калгæ æнæ- саргъ бæхыл. — Салам уын, хорз адæм! Шейхы зæппадзæй та цырагъы руте зыны! — фæдисхуызæй загъта Манаф, бæхæй æргæпп кæнгæйæ. — Æмæ уый тыххæй бæхы марын хъуыд? — амæс- ты йæм ис Хасан. — Бæх циу!..— йæ къух ауыгъта Манаф. — Махмæ диссаг кæсы, уым цы ис, уый базоныи. Лæппутæ ма уынгæ дæр фæкодтой, цавæрдæр сырды æндæрг дзы куыд змæлыд, уый. — Кæд дæм диссаг кæсы, уæд ацу æмæ йæм ба- кæс! — загъта Уста-Тубчи. — Раст куы зæгъон, уæд нæ уæндын! — басасти Манаф йæ лæмæгьдзинадыл. — Кæд нæ уæндыс, уæд дæ дзыхыл хæц, æмæ цæу- гæ хизæнуæттæм. Æнæхъуаджы адæмы цы змæнтыс? Манаф мæстæлгъæдæй йæ бæхыл абадт æмæ ацыди. Чидæр спичкæ ссыгъта, тамако сдымыны тыххæй æмæ рухсмæ лæгты цæсгæмттыл фенæн уыди мæт- æнгас. — Уыцы дзæгьæлы ныхæстæн кæрон скæнын хъæ- уы, — загьта Уста-Али. -— Уæд та суаиккам уырдæм, хорз адæм? — Цы ми дзы кæнæм? — фæцырди Хасан.— Алчи- дæр зоны, уым кæй цæры стыр шейх Хаджи-ибн-Ба- матийы дуаг. Цæмæн тыхсын кæнæм сыгъдæг дуаджы? — Æз демæ разы нæ дæн, Хасан. Цом, бабæрæг æй кæнæм!—дзырдта Уста-Али. — Æз дæр разы дæн уæ фæдыл ацæуыныл,— загъта фæстагмæ Хасан. Æртæ хæлары рараст сты уæлмæрдтырдæм. Дар- дæй хъуысти доны къуырма уынæр. Кæд лæгтæ ацæр- 183
гæ уыдысты, уæддæр шейхы зæппадзмæ куыд æввахс- дæр кодтой, афтæ тынгдæр тыхстысты. Хасаны къæх- тыбынæй, хъæргæнгæйæ, зым куы стахти, уæд æй фыртарстæй ахауынмæ бирæ нал бахъуыд. Хæлæрттæ зæппадзмæ хæстæг бацыдысты. Дуары зыхъхъырæй æцæгдæр зынди цырагъы рухс æмæ дзы хъуысти дзæбуджы сабыр къупп-къупп. Уста-Али дуары зыхъхъырæй бакасти уырдæм æмæ къухы змæлдæй йæхимæ фæсидти Уста-Тубчимæ. Зæппадзы мынæг цырагъы рухсмæ, дурыл бадгæйæ, цыдæр архайдта чызг. Йæ цæсгом алайæ уыдис сау, фæлæ йæ къухтæй æрттывта цыдæр æвзист дзаума, ныртæккæ ардуанæй кæй асыгъдæг кодта, ахæм. Уста- Тубчи йæ уайтагъд базыдта — уый уыдис Бахмуды чызг Култум. ...Кубачинæгты артелы музейы диссаджы рæсугъд браслеты бынмæ ныр фæзынди æндæр фыст: «Скъола- дзау Култумы куыст».
Авшалумов Хизгил СКЪÆФТ Æрæджы мыл цы æмбисонд æрбамбæлд, уый уын радзурон? Абоныстæн, фырхудæгæй артæнхæлдтæ фæ- уыдзыстут. Уæвгæ, сомы бакодтон, мæ дзыхæй ницы суадздзынæн, зæгъгæ, фæлæ мæ комы дæндаг нал и æмæ æвзагыл мидæмæ хæцæг нæй, æддейы баззадис, æппындæр мæ коммæ нал кæсы. Ме ’взаджы тыххæй мæ нæ хъæуы чиууылдæр Гæркъæраг хонынц. Фæлæ цы бакæнон, сусæгдзинад æмбæхсын нæ зонын, цыма мæ судзгæ фæкæны, уыйау æй уромын нал фæфæра- зын. Стæй мæныл цы æмбисонд æрцыди, уый уæ йæ фы- ны дæр никуы ничи федта æмæ йæ куыд бамбæхсон? Иу изæр, дын, бæзджын кæлмæрзæн ме ’уæхсчы- тыл æрбакодтон æмæ нæ хæдзарæй рацыдтæн, Рубиа- ты мады, зæгъын, абæрæг кæнон. Уыди сабыр, мæй- дар æхсæв, арвыл иунæг стъалы дæр нæ зынди. Куыд- дæр Рубиатты кулдуар байгом кодтон æмæ мидæмæ фæцæйхызтæн, афтæ мын мæ сæр цыдæр уæззауæй, цæргæсы базыры хуызæнæй амбæрзтæуыд. Уый афтæ æнæнхъæлæджы æрцыд, æмæ ныхъхъæр кæнынмæ дæр нал сарæхстæн. Кæйдæр тыхджын, арæхстджын къухтæ мæ нымæ- ты атыхтой æмæ мæ йе ’уæхскмæ сæппæрстой. Уы- дæттæ иууылдæр æрцыдысты цæстыфæныкъуылдмæ. «Кæдæм?» — мæ хъустыл ауад мынæг ныхас. «Ферох дæ ис æви?» — афтæ сабыргай йæм дзуры иннæ. — «УарЗаэтты акстонмæ», æрмæст тзгъддæр». 185
Дзурджытæй иу уыди Микаил. Йæ хъæлæсæй йæ базыдтон. Фыццаг æрбамæсты дæн. Стæй та мæм ху- дын æрцыд. Фæлæ сæм ницы дзурын. «Хæссут, хæссут, мæ къонатæ»,— худын сыл мæхимидæг. Фæлæ ныхас йæ сæрæй куы нæ ракæнай, уæд къуыр- ма у. Иу бон мæм уыцы Микаил æрбацыд, нæ сыхæг- ты лæппу,— фæтæн цæсгом ын, йе ’рфгуытæ — пых- цыл, асæй — бæрзонд, афтæ тагъд кæд адынджыртæ вæййынц, уый диссаг у! Къæсæрыл æрлæууыд æмæ, карк уаллонмæ куыд кæса, уыйау зæхмæ ныккаст. «Хуымæтæджы не ’рбацыди ацы лæппу, æвæццæгæн æй исты хъæуы», — хъуыды кæнын мæхииымæр. Фæ- лæ йæ нæ фæрсын. Ныр йе ’рбацыды сæр базоныныл мæ быцъынæг тонын. Афтæмæй иуцасдæр алæууыд, стæй загъта: — Илясæн баххуыс кæнын хъæуы... Уыцы Иляс та, раст уын куы зæгъон, уæд сæрæн гуырд у, фæлæ ныззыгъуыммæтæ ис: нуазы, колхозы нæ кусы, йæ мады æккой сбадти. Уæвгæ йæ сафгæ мад фæкодта. Нæ сывæллæтты нæхæдæг халæм. Цæй, уыдæтты тыххæй фæстæдæр аныхас кæидзыстæм. Лæппутæ «Уарзæтты ахстон» хуыдтой, не ’стырдæр хохы фахсыл цы сæгдзыд лæгæт ис, уый. Хохæн йæ бын сæрсæфæны ис, йæ цъупп та арвмæ хæццæ кæны. Ахæй бæрзонд у æмæ йæ сæрмæ æппынæдзух дæр мигъ бады. Уыцы лæгæт нæ хъæумæ хæстæг у. Уал- дзæджы æмæ фæззæг фос куы фескъæрынц, уæд фий- йæуттæ сæхи хур æмæ къæвдайæ уым бааууон кæнынц. Афтæ дзурынц, кæддæр, дам, ханы фæсдзæуинтæй иу ханы уарзон усы аскъæфта (мæнæ мæн куыд ас- къæфтой, уыйау), æмæ, дам, сæхи уыцы лæгæты уазæг бакодтой. Уæдæй фæстæмæ лæгæт «Уарзæтты ахс- тон» хонынц. — Сындæгдæр цу, хауыс æмæ йæ марыс,— дзуры ме ’скъæфджытæй иу. — Мæлæты æнцад нæ лæууы! Ма ныххуыдуг уæд? —тыхстхуызæй загъта иннæ. — Ма тæрс. Æвæццæгæн йæ зæрдæ бахъарм, ницы йын уыдзæн,— загъта фыццаг, нæтгæйæ.— «Уарзæтты ахстонмæ» та æз фæндаг цъындæй дæр ссардзынæн/ ’. Чи мæ хаста, -хæсгæ та мæ кодта, рлст дыма «къу- 186
пецаг йæ хæзнатæн æрхауынæй тарсти, уыйау, йæ сым- сымæй, стæй мæ куыд сыппар-сыппар кодта, уымæй æз æмбæрстон, уырдыг-иу кæм-фæци æмæ-иу хæрд кæм райдыдта, уыцы бынæттæ. Стæй ма ноджы зыд- тон, хъæуæй цæйбæрц ацыдыстæм, уый дæр. Æппынфæстаг бынатмæ æрбахæццæ стæм. Мæн чи хаста, уый мæ тыхулæфтгæнгæ къулæнцой æрæвæрд- та. йе ’мбал æнæрхъæцгæйæ сдзырдта: *— Фанар ссудз. Цы нымæты тыхт уыдтæн, уый райтыгътой, æмæ æз фанары мынæг рухсмæ ауыдтон дыууæ æтт-мардзæ лæппуйы, дыууæ дæр — нæ хъæуæй. Иу дзы уыди Микаил; уæззау уаргъ хæссынæй тыхулæфт кодта. Ин- нæ та — Иляс, рæсугъд лæппу, фæлæ — къулбадæг, дзæгъæлдзу æмæ расыггæнаг. Иляс йæ къабæзтæ хъæбыс акæнын æввонг фæйнæ- рдæм акодта æмæ мæм æрбацæйцыди, æвæццæгæн, йæ зæрды хатыр ракурын уыди, стæй мын йæ уарзон- дзинады тыххæй дæр зæгъынмæ хъавыд. Æз нымæт ме ’уæхсчытæй аппæрстон, мæ мæллæг цæнгтæ фæй- нæрдæм айтыгътон, ме ’нæдæндаг дзых ныххæлиу код- тон, мæ къубал хъазау размæ раивæзтон æмæ сыф- сыфгæнаг хъæлæсæй загътон: — Хорз чызг дæ хай, сахъ гуырд! Иляс цавддурау фæци. Цыма мæрдтæйдзæуæг уыд- тæн, уыйау ныхас йæ дзыхы нал бадти. Стæй цыма тарф фынæйæ райхъал, уыйау йæ сæр ныууыгъта æмæ дисгæыгæйæ загъта: — Ай зæронд Фатымæ куы у!—Микаилмæ уай- дзæфгæнæгау бакаст æмæ ма загъта: — Кæй мын раскъæфтай, дæ цæстытæ кæм уы- дысты? — Дæ цæстытæ кæм уыдысты, мæ цæстытæ дæр уым. Талынджы дын гæды, миййаг, нæ дæн! — сбустæ йыл кодта Микаил.— Стæй йæм иумæ нæ лæбурдтам? Кæдæм кастæ дæхæдæг? Иляс цæх’гæр фæзылд æмæ уæртæ фæцæуы, фæлæ йæ æз йæ хъулон-мулон галстучы кæронæй рацахс- тон, мæнæ роды йæ къæдзилæй куыд рацахсай, раст афтæ. Мæхицæй уын не ’ппæлын, фæлæ нæ хъæуы ныр дæр мæнæй цæрдæгдæр бирæ нæй. «Æз дæ, зæ- 187
гъын, афтæмæй иæ уадзын, нæ. Иугæр мæ, зæгъын, аскъæфтай, иугæр, зæгъын, сылгоймаджы цæсгом ба- фхæрдтай, уæд мæ ахæсс: æз разы дæн дæумæ фæцæ- уыныл. Науæд, зæгъын — ахæстон». — Фатымæ, нæ мады хай,— ныффæлурс и Иляс.— Мах рæдигæ фæкодтам, ды чызг куы нæ дæ...— лæгъ- стæмæ мын фæци лæппу. — Ничи йæм, зæгъын, хъусы, ничи, фестын мæ, зæгъын, кæн, марадз, чызг... Мæ дыууæ фыртæй иу арæнхъахъхъæнæг у, иннæ та — хъуыстгонд фиййау, йæ къам æппынæдзух Кады фæйнæгыл ис (дæ хуыз- истыл дзы, зæгъын, мæ цæст куыд никуы æрхæцыд), мæ чызг та, зæгъын, ныр дæсæм сывæллонмæ æнхъæл- мæ кæсы. Æртæ мæйы фæстæ хъæбатыр мад уыдзæн... Бамбæрстай? Счызг мæ, зæгъын, кæн ныр, марадз! Ды та уæдæ чызгмæ хъавыдтæ, хъæрццыгъа? Кæд, миййаг, мæ чызджы чызгмæ? Æмæ дын ныр дæхи хо- йы куы аскъæфиккой, уæд та?.. Нæ, нæ, мæ хур, афтæ- мæй дын нæ рауайдзæн. Ракур мæ. Лæг мын нæй, ныр- ма мæ тых — мæхимæ, алцæмæ дæр арæхсын, цы хъуаг дæн?» — дзурын Илясæн, мæхæдæг архайыи лæппуйы мæ хъæбысы акæныныл. Фæлæ, цыма æз йæ удхæссæг уыдтæн, уыйау йæхи иуфарс æппары. Афтæ ма банхъæлут æмæ тынг фыдынд дæн. Кæд уæ зонын фæнды, уæд мын иу кадæггæнæг лæппу, йæ хъæлæс булæмæргъы хъæлæсы хуызæн кæмæн уыд, уый мæ рустæ сырхфарс фæткъуытимæ абарста, мæ былтæ — мыдимæ, мæ дæндæгтæ та — дзæнхъа-дур- тимæ. Æмæ уый уыди æрмæстдæр дæс æмæ дыууис- сæдз-æртиссæдз азы размæ. % Раст зæгъгæйæ, уыцы «дзæнхъа-дуртæй» ныр дыу- уæ раззаг къæпсыры йедтæмæ ницыуал баззад, æмæ куы бахудын, уæд мæ афæдздзыд фырты фырт ныцъ- цъæхахст ласы — куы йыл фæхæцон, уымæй фæтæрсы. Фæлæ цæмæй?.. Иуныхасæй Илясæн йæ уд афтæ ауайын кодтон, æмæ йæхицæн бынат нал ардта, æвæццæгæн, ахæсто- нæй тынг фæтарст. — Æрлæуу дæ зонгуытыл æмæ Фатымæйæ хатыр ракур,— дзуры йæм Микаил.— Науæд сæфæМ. Æнæ- хъæн зылды ныл ззоджытæ скæндзысты æмæ нæ"сæ- 188
рыл иунæг дæр нæ рахæцдзæн. Цæй, цæй, хъуыдытæ кæнынмæ нæ не ’вдæлы! — нал æй уадзы Микаил. Схъæластæу Иляс аракæ-бакæ кодта, стæй йæ зон^ гуытыл æрлæууыд. Æз хынджылæг нæ уарзын. Ноджы йын йæ фыдæй расомы кæнын кодтон (йæ фыд хæсты фæмард), йæ нозт кæй ныууадздзæн, уый тыххæй. Цы пайда у нозт, адæймаг дзы æгад кæпы æндæр? Æз дæр ын дзырд радтон, йе ’взæр митæ куы ныу- уадза, уæд ын, кæмæйдæриддæр зæгъа, уый кæй ра- курдзынæн. Мæ ныхасыл дыккаг ничи зæгъдзæи... Афтæ æнхъæлут, ууыл мæ сусæг ныхас фæци. Нæ-æ! йæ диссагдæр уын нæма радзырдтон. Мæ бон нæу йæ басусæг кæнын. Гæркъæраг мæ уæдæ дзæгъæ- лы хонынц! Æз æй зыдтон, скъæфты фæуыдзынæн, уый. Уæдæ!.. Куыд æгъдауæй, уый ныртæккæ бамбардзыстут. Мæ «аскъæфты» размæ хæдзары иунæгæй бадын, æмæ сывæллоны узын, зарджытæ йын кæнын. Мæн дæр хуыссæг ахста, æмæ та мæ сæр мæ риуыл æрхауы... Мæ цæстытыл алы нывтæ узйы мæ рагон цардæй... Мæ зæрдæ сæ куыддæр нырхæндæг, иннæмæй та мын æх- сызгон уыдысты. Мæ мидфынмæ æмбарын: чидæр дуар бакодта æмæ нæуæндаг цыд æрбакæны. Æз мæ иу цæст базыхъхъыр кодток, стæй та — иннæ. Кæ- сын — æмæ нæ сыхæгты лæппу Микаил. Уатыл йæ цæст ахаста æмæ мæм сындæггай хæстæг æрбацыд. Ныр йæ цæсгом иуæй — æнкъард, иннæмæй-—уыцы ракæнонхуыз. Бамбæрстон æй, ахæм хуыз ын хуымæ-' тæджы кæй нæ ис, уый. Мæ бакомкоммæ авдæны фарсмæ гауызыл æрбадт æмæ мæм ныллæг хъæлæсæй æрбадзырдта: — Райсом нæ зæрды чызг аскъæфын ис. — Цы?! —зæгъгæ йыл уыциу хъæр фæластон. Мæ хъæрæй сывæллон фæтарст, æмæ ныцъцъæхахст код- та. Тала бæласы дымгæ куыд уза, афтæ ныррызтæн. Лæдзæгмæ февнæлдтон... Микаил æй зоны, мæнимæ хынджылæг кæнæн кæй нæй, уый. Йæ къухтæ лæдзæгмæ фæдардта, цæф ыл куыд нæ æруадаид, афтæ,<-æмæ мын лæгъстæмæ фæци: — Фæлæуу-ма, Фатымæ, æз æндæр цыдæр зæ- 189
гъынмæ хъавыдтæи. Мæ фыдыстæн, бынтон æндæр цы- дæр, байхъус-ма. Æз мæ лæдзæг аппæрстон, æмæ та авдæн узын райдыдтон. — Цæй, дзур, уæдæ, хæйрæг дæ бамбарæд. Чызг скъæфын сфæнд кодтай, афтæмæй лæдзæджы уындæй дæ удæй дæ хуылфы ницыуал аззад. Гъемæ мын уæд йæ сусæгдзинад радзырдта. Цæвнттон, йæ хæлар Иляс, мæнæ йæ мады æккой цы Иляс бады, уый рæсугъд Рубиаты бауарзта, Ру- биат хорз чызг у, фæлмæнзæрдæ, хæрзæгъдау, кусын- мæ — рæвдз. Зæрдæ та йæм хуымæтæг ис уыцы æвзæр Илясмæ! Ничи йæм кæсы, цы чызгмæ бахъавыд! Ахсæвыстæн, æз лæппу куы уаин, уæд Рубиаты ницæй тыххæй ныу- уадзин. Иляс дæр Рубиаты зæрдæмæ цæуы, фæлæ ца- лынмæ йе ’взæр митæ ныууадза æмæ адæмы мыггаг суа, уæдмæ йын нæ комы. Æмæ тынг раст кæны. Ра- сыггæнаг лæг кæй хъæуы?! Ныр Иляс фыруарзондзинадæй расыджы хуызæн сси. Къулбадæг лæппу у, йе ’наккаг митæ йын-иу кæд- дæриддæр тадысты. Гъемæ ныр дæр уыцы зæрдæйæ сфæнд кодта Рубиаты аскъæфын. Микаилæй та хæла- ры æххуыс бацагуырдта. Иляс ахуыр у искæй къух- тæй сындз тонын, уæлдайдæр ахæм чъизи хъуыдда- джы. Микаилы йæ хæлары зæрдæхудт райсын дæр нæ фæндыд, стæй йæм чызг дæр тæригъæд каст. Æмæ уæд диссаджы фæнд æрхъуыды кодта, æмæ йæ æз дæр уымæн бахъуыдтæн. — Баххуыс мын кæн, Фатымæ,— куырдта мæ Ми- каил. Æз сразы дæн, Афтæ уыди, гъе, хъуыддаг. Ныр уын æй сæрæй- бынмæ радзырдтсн. Адæм мæ уæдæ Гæркъæраг дзæ- гъæлы хонынц? Мæ мæрдтыстæн, раст сты, тынг раст. Иляс нал нуазы. Фендзыстæм, кæддæра йын фæз- зæджы цал фæллойбоны уаид. Æз дæр мæ дзырд нæ фæсайдзынæн. Иугæр ныхас загътон, уæд хъуамæ йæ бынаты уа! 190
СУАДОНЫ РАЗ — Омар, дон не ’рбахастай?— дуары раз афтид къæртатæ ауынгæйæ, мæстыйæ бафарста Сакина.— Къухтæ цæмæй ныхсадæуа, уый нæ хæдзары доны цъыртт нæй. Цавæр адæймаг дæ, цав...— Сакинæйæн пæ хъуыр ахгæдта æмæ йæ ныхас кæронмæ нал фæци. Фæлладхуызæй стъолы размæ бацыд, тетрæдты тых- тон æм базыввытт кодта, бандоныл йæхи æруагъта, йæ армытъæпæытыл ныддæлгом æмæ йæ цæстысыгтæ фемæхстысты. Омар æлхынцъæрфыгæй касти йæ усы фæсонтæм, йе ’уæхсчыты змæлдмæ. Лæг йæхимидæг хъуырдухæн кодта. Æппынфæстаг Омар чиныг сæхгæдта, фестад æмæ уаты дыууæрдæм рацу-бацуйыл фæци. Сакина бадти фæлладхуызæй, йæ къухтæ дæлæмæ уагъд, æн- къардæй. Фæлæ мæнæ йæ цæстæнгас æрхаста, йæ лæг цы чиныг к^сти, уый æддаг цъарыл. Æмæ йæ цæсгом фырмæстæй сырх-сырхид афæлдæхт. — «Куыд æхсысти æндон» куы кæсыс, уæд дæхи фондзыссæдзаздзыд лæджы хуызæн цæмæн дарыс? Талынг æгъдæуттæ дæ къахдзæф акæныи дæр куынæ- уал уадзынц. Афтæмæй та «уарзын дæ» фæзæгъыс! — Сакина йæ сау кæуындзаст цæстытæй йæ лæгмæ кас- ти, уайдзæфгæнгæйæ. * * * Сакина горæтаг у. Дыууæ азы размæ институт каст фæци æмæ хъæумæ ахуыргæнæгæй кусынмæ ацыди. Кæд ы« горæт, денджыз æмæ хиуæттæй фæхицæн уæ- вын зын уыд, уæддæр ацы хæххон къуым йæхæдæг равзæрста. йæ ног цæрæнбыиат æм диссаг фæкасти йæ æр- дзон рæсугъддзинадæй. Бæрзоыд айнæг къæдзæхтæ асинты хуызæн хæрдмæ фæцыдысты, цыма цъæх арв- мæ цæджындзæвæрд сты, уыйау. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма уыцы «цæджындзтæ» куы нæ уаиккой, уæд арв дæлæмæ æрхауид. Арф кæмтты сæрмæ — къæдз- мæдз къахвæндæгтæ, бынæй та фынккалгæ згъорынц 101
хæххон знæт дæттæ. Афтæ тагъд хæссынц сæ уылæн- тæ, æмæ сæ цыфæнды дугъон бæх дæр нæ баййафдзæн. Уыди августы æмбис, фæлæ къæдзæхты фæхстæ æмæ уæрæх дæлвæзтæ нырма цъæх-цъæхид дардтой. Нæма бахус сты уыгæрдæны дидинджытæ дæр. Саки- найæн йæ райгуырæн зæхх равдыста йе ’цæг хуыз, йе ’цæг цæсгом. Æмæ уæд Сакина бамбæрста, дагъистай- наг гауызуафджыты гауызтыл, æрмæстдæр фыны фе- нæн кæмæн ис, ахæм адæмон нывæфтыдтæ цæмæн вæййы, уый. Æрмæстдæр ныр бамбæрста, йæ райгуы- рæн зæхх ын куыд адджын у, куыд тынг æй уарзы. Сакцна цы хæххон хъæумæ æрцыди, уый æртымбыл сыфтæрджын хохы фахсыл. йæ сæрмæ кæддæриддæр бады цъæх фæздæг. Бынæй, нарæг тæрфы, аууон дары колхозы дыргъдзæхæрадон. Хъæуы бæстастæу — скъо- ла, ног дурын хæдзар. Æрыгон ахуыргæнæг уайтагъд фæцахуыр и хъæ- уыл. Йæхи дæр ын бауарзтой, уымæн æмæ Сакина йæхи фæлмæн, хуымæтæг адæймагæй равдыста. Уымæ хорз касти, канд æрыгæттæ нæ, фæлæ йын суанг урс- зачъе зæрæдтæ дæр стыр аргъ кæй кæнынц, кæддæ- риддæр æм лæмбынæг кæй фæхъусынц, уый. Ахуыр- дзинадмæ амы адæм рагæй дæр хорз цæстæй касты- сты. Уалынмæ рацæй-рабон, æмæ ахуыргæнæг бынтон- дæр сæхи баци: æгас хъæу дæр уыдысты Сакина æмæ колхозы хынцæг Омары чындзæхсæвы. Омары мад, гыццыл, мæллæг, фæлæ цæрдæг зæ- ронд ус, райдзаст, æппынæдзух худгæ чи фæкæны, ахæм сæгъдзаст цæстытæ йын, фырцинæй зæххыл нал хæцыд. Æмæ куыннæ! Се ’ппæтæй ахуыргонддæр, се ’ппæтæй рæсугъддæр чызг ын йæ иунæг фырты мойæн равзæрста! Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ чындзы тынг уарзта. Æфсин-иу райсомæй раджы сыстад, арт-иу скодта, хъуг-иу æрдыгъта, хъомæн-иу хæринаг æрбахаста, аходæн-иу сцæттæ кодта, донмæ дæр йæхæдæг цыди. Йæ фырт æмæ-иу йæ чындзы раз хæринаг авæрдта, йæхæдæг-иу колхозы куыстмæ ацыд. Изæры-иу куы æрбаздæхти, уæд та-иу ногæй хæдзары куыстытыл ба- лæууыд. Афтæ — алы бон дæр. 192
Сакина тæригъæд кодта зæронд усæн. Йæ бон цæ- мæй уыд, уымæй йæм касти, фæлæ скъолайы куыстæн, сывæллæтты тетрæдтæ бæрæг кæнынæн бирæ рæстæг хъуыди æмæ йæ зæрдæйы фæндиаг баххуыс кæнын йæ бон нæ уыд. Уьгмæ гæсгæ, хæдзары змæлд иууыл- дæр æфсинмæ хауди. — Омар,— загъта иу бон Сакина йæ лæгæн,— иыр дæ мадæн цæуылнæ тæригъæд кæныс? Бон-изæр- мæ йын, мæгуыр, иу ран æрбадæн куы нæ ис. йæ арм ын фæрогдæр кæнын хъæуы. — Æмæ йын цы мæ бон у? —æнæмбаргæхуызæй бафарста Омар. — Къæрта мæ сагæхты æхсæн бакæ- нон, æмæ йын хъуг æрдуцон? — ныххудти лæг. — Чыр-чыр та цæуыл кæныс? — фæхъыг ис Саки- найæн. — Хъуг дуцын мæхæдæг базыдтон. Дæуæн æй ничи дуцын кæны. Фæлæ хъомæн хæринаг раттын æмæ дон æрбахæссын дæр нæу дæ бон? Уыдон сылгоймагæн зын кæнæн сты! Омар йæ фæтæн сау æрфгуытæ ныхыл уæлиау авæрдта, йæ былтæ бахудызмæл сты æмæ йæ усмæ бакаст. — Цæуыл худыс? — йæхи фæтар кодта Сакина.— Æз не ’мбарын, йæ тых йæхимæ кæмæн ис, ахæм нæл- гоймаг йæ мады бæсты уæззæуттæ хæссын, кæнæ йæ усы бæсты доимæ ацæуын йæ сæрмæ цæуылнæ хæссы, уый? Худинаг, мæнмæ гæсгæ, уæззау куыстытæ сыл- гоймаджы æккой куы баххуырсай, уæд уый у. Омар йæ сæр дæлæмæ æруагъта æмæ хъуыдыты ацыд. Бирæ рæстæг йæ дзыхæй ныхас дæр нал схауд, стæй куы æризæр, уæд аххосджынхуызæй афтæ зæ- гъы: ; !*в;П — Уыдæттæ иууылдæр раст сты, мæ уарзон Саки- на, фæлæ æз иунæгæй цы бакæнон? Не ’гъдаумæ гæс- гæ лæгæн дон хæссын не ’мбæлы, фæхуддзысты мыл. Канд нæлгоймæгтæ нæ, фæлæ сылгоймæгтæ дæр. Дон хæссын лæджы куыст нæу. Омар æмбæрста, æнæууылд ныхæстæ кæй кæны, уый, æмæ банцад. Чи зоны æмæ уыцы ныхас никуыуал сног уыдаид, фæлæ дыууæ къуырийы фæстæ Сакинайы ’æфсин сы- хаг хъæумæ йæ хомæ рынчыыфæрсæг ацыди. Хæдзары 13 Дагьистайнаг зæриигуырдтæ 193
куыст иууылдæр æрæнцад чындзыл. Иуæй скъоламæ уади, аннæмæй хæдзары зылдтытæ кодта, æхсæв æна- фонмæ та-иу сывæллæтты тетрæдтыл фæбадти æмæ уроктæм йæхи цæттæ кодта. Омар уыдта, йæ усæн куыд зын у, уый, фырфæл- ладæй йæ цæсгомы хуыз куыд пыттар, æмæ кæд йæхи аххосджыныл нымадта, уæддæр хæдзары æппындæр иицæмæ æвнæлдта... — Омар, абон æрæгмæ æрбацæудзынæн, дон-пу æрбахæсс,— загъта Сакина райсомæй йæ лæгæн,— кæд мæ уарзыс æмæ мын тæригъæд кæныс, уæд æрбахæс- дзынæ, афтæ нæу?— бафтыдта ма йæ ныхæстыл рæв- даугæ хъæлæсæй æмæ йын йæ рус æрсæрфта. — Хорз, хорз, æрбахæсдзынæп,— бахудти лæг йæ мидбылты. Ус куы ацыд, уæд Омар къæртатæм фæлæбурдта æмæ асинтыл кæртмæ æруади. Куыддæр кулдуар бай- гом кодта æмæ æддæмæ рахызт, афтæ сæ хæдзары раз ауыдта стæвдтæарæзт Мехтийы, хъæусоветы сæр- дары. Бухайраг худ йæ сæрыл иуварсырдæм хъал конд, афтæмæй касти Омартырдæм. йæ бедратæ дзыгъал-мыгъулгæнгæйæ, Омар фæс- тæмæ кæрты смидæг. йæ фæдыл дуар ахгæдта æмæ йе ’нцой ала^ууыд. Цыма стыр бæллæхæй фервæзт, уы- йау йæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ ссыд, йæ сур хид акалд. Афтæмæй дзæвгар фæлæууыди. Чысыл йæхи куы æрæмбæрста, уæд та кулдуар ба- зыхъхъыр кодта æмæ, дарддæр цы кæнон, зæгъгæ, æр- лæууыд. йæ цæстытыл ауади, цыма æд дзаг бедратæ хъæуы уынггы ссæуы æмæ йæ фæдыл алы æлхыскъ пыхæстæ æппарынц: «Горæтаг чызг куы уарзай, уæд дзы афтæ вæййы! Ныр ма æххæст юбкæ скæнæд æмæ хъуг дæр æрдуцæд...» — Нæ цæуыи,— цæхгæр загъта Омар, æмæ йын фенцондæр. :* Омар сындæггай чппыг стъолæй айста æмæ^ йæ тæрхæгыл сæвæрдта. Хълвгæ, æнæуынæр къахдзæф- 194
тæй йæ усы раз æрлæууыд. Ныр ус йæ кæуынæй не ’ицайы. — Цæй, æгъгъæд у,— загъта Омар, æмæ йын йæ сæр рæвдаугæ æрсæрфта.— Цыдæриддæр мын зæгъай, уый бакæндзынæн. Фендзынæ, дон дæр æрбахæсдзы- нæн.— Омар фæтарсти йæ ныхæстæй æмæ тагъд-тагъд сдзырдта:—Æрмæст ныртæккæ иæ, фæстæдæр. Куы æрталынг уа, уæд. Бынтон талынг. Зоныс, боныгоц мæм куыддæр худинаг кæсы. Абон ма иу хатт кæй фæцæйцыд донмæ, фæлæ кæй фæтарст æмæ фæстæмæ раздæхт, уый йæ усæн не ’схъæр кодта. Сакина чысылгай æрсабыр. Омар уæллаг уатмæ ссыди, цасдæр дыууæрдæм фæрацу-бацу кодта, бал- къонæй-иу æддæмæ акаст, кæд ома мæй мигъты ау- уон фæци, уæд донмæ ацæуа. Фæлæ мæй, цыма фыд- дæрагæн кодта, уыйау æрттывта иннæ æхсæвтæй тынг- дæр æмæ йæ фæлмæн тынтæ зæрста хæдзæртты тъæ- пæн сæртыл, иарæг зылын уынгтыл, стæй суадонмæ цæуæн къахвæндæгтыл. Уалынмæ Омары амондæн хохы фæстæйæ разынди уæззау скъуыдтæ мигъ. Уыциу æмрастæй йæхи мæ- йырдæм сарæзта, йæ фæдыл æндæр мигътæ сайгæйæ. Омар бедратæм фæлæбурдта æмæ асинтыл дæлæ- мæ æртахт.- Æддейы уыди талыыг. Омар цыди сындæггай, хъуызгæ-хъуызгæ, цыма фыдгæнæг уыд æмæ ныр уы- цы мæйдары йæ сау фæндтæ æххæст кæнынмæ рараст. Уæлдай тынгдæр та’ тарсти, сæ сыхаг Мехти йыл куы амбæла, уымæй. Мехти йæ, æвæццæгæн, абон афтид бедратимæ дæр федта, æмæ ныр сæ хæдзары размæ куы бахæццæ ис, уæд йæ сæр æгасæй дæр уæхсчыты аныгъуылди, бедратæ йæ дыууæ фарсмæ æрбалхъыв- та æмæ уыциу згъорд аласта, мæнæ цыма салдат уыди æмæ йæ фæстейы йе ’знаг æхста. * Йæ бедратæ уазал суадопæй байдзаг кодта æмæ та фæстæмæ рацæйцыд йæ тас фæндагыл. Фæлæ куыд- дæр иунæг къахдзæф акодта, афтæ ауыдта адæйма- джы æндæрг. Æндæрг æрбацæйцыд Омарырдæм. Аф- тæ æнæнхъæлæджы фæзынд, æмæ ма Омар цы акод- таид, уый нал зыдта; йæ бедратæ фæуагъта æмæ къу- 195
дзийы æхсæи смидæг. Уыцы заман ракасти фыдуаг мæй дæр æмæ бæстæ ныррухс кодта. Суадонмæ æрбацæйцæуæджы Омар базыдта. Уып уыди Гайдаров Эмин, хъæусоветы секретарь. Йæ галиу •къухы — бедра, йæ рахизы та — æрхуы нарæгхъуыр хъуывгъан. Эмин суадоны раз дзаг бедратæ куы ауыдта, уæд фæлæууыд, фæйнæрдæм аивæй акаст. Къудзийы æхсæ- нæй йæ хъустыл ауад цавæрдæр сыр-сыр. Эмин куыд- дæр фæтæрсæгау кодта, дзуццæджы æрбадт æмæ йæ бедра æмæ йæ хъуывгъаны аууон амбæхст. йæ мæл- лæг даргъ къубал размæ раивазгæйæ, тарстхуызæй йæ алы фæрстæм ахъахъхъæдта. Бæрæг нæу, цас ма фæбадтаиккой кæрæдзийæ æм- бæхстæй, фæлæ Омар йæ худын нал баурæдта æмæ къудзиты астæуæй хъæлæсыдзагæй ныхъхъæр кодта: — Салам алейкум, Эмин! Диссаджы фембæлд нæу, зæгъыс? Куыд кæсын, афтæмæй дæу дæр де ’фсин хæдзарæй ратардта. Эмин дзуапп раттыны бæсты мæсты хъуыр-хъуыр бакодта, фæлæ йæхи нæ равдыста. — Цæй, хорз, байдзаг кæн дæ мигæнæнтæ,— загъ- та ма Омар, йæ бедратæм бацæугæйæ, æмæ Эмины уæхск æрцавта. Эмин ма уæддæр бадти дзуццæджы. —’ Зоныс,— тарстæй алырдæм ракæс-бакæс кæн- гæйæ, йæхи рæстытæ кодта Эмин,— ме ’фсин фæрын- чын, сывæллæттæ — æнæ дон. Уæдæ дойныйæ амæлой! Гъемæ æз дæр рацыдтæн. — О, хуыцау, мацы мын кæн!—йæ хинæйдзаг мидбылхудт æмбæхсгæйæ, загъта Омар. — Фæссихор дæр ма Эшвег дзæбæх уыди, цæхмæ нæм æрбауад, ’уæд ыл цымæ цы æрбамбæлди, мæгуырæг? Оу, мæнæ мын цы хъыг уыди,— хынджылæг кодта Омар. Ныр ын бынтон фенцондæр. Фæлæ æвиппайды Эмины уæхскмæ февнæлдта. — Фæлæуу-,ма,— сдзырдта мынæг хъæлæсæй,— хъусыс, кæйдæр бедраты дзыгъал-мыгъул ма цæуы. — Уый Мехти куы у, мæ хицау, йæ арм йæ дзыхыл авæргæйæ, куыд нæ ныххуда, афтæ, уыцы сабырæй загъта Эмин.— Кæс-ма, йæ цъæх бухайраг худ дæ бедрайы фарсау куыд æрттивы. 196
Хъæусоветы сæрдар цыди хъавгæ, фæйнæрдæм кæс- гæйæ. Мехти суадоны раз адæмы куы ауыдта, уæд сагъ- дауæй баззад, стæй фæстæмæ фæзылд æмæ уæлæ фæ- лидзы. Эмин æй ф’æсте асырдта. Фæлæ Мехти узгæ-узгæ размæ тындзы, арс мыдыбындзытæй куыд лидза, афтæ. л ,' ■ , — Фæлæуу-ма, Мехти, сæгуыт куы басгуыхтæ,— мæстæймарæгау æм фæстейы дзуры Эмин.— Махæй цæмæй тæрсыс?..' Сæрдар æрлæууыд, бедратæ йæ къухтæй æрхау- дысты, æмæ дзыгъал-мыгъулгæнгæ, доны балæууыды- сты. Стæй Эминмæ разылд. Хорз, æмæ уæддæр æцæ- гæлон нæ разынд, Эмин йæ дæлбар кусæг у æмæ йæ сусæгдзинад никæмæн схъæр кæндзæн. Мехти йæ бу- хар худ йæ сæрæй систа æмæ дзы йæ хидæйдзаг цæс- гом ныссæрфта. — Фу, мæнæ цы тæвд у, — уæззау ныуулæфыди сæрдар æмæ кæмæдæр ныллæг хъæлæсæй фæдзырдта: — Рацу, нæхиуæттæ сты! Кæмæ дзырдта, уымæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Зæронд тулдз ’бæласы аууонæй рагæпп код- та Мехтийы хæлар, колхозы партион организацийы секретарь Селим. Омар сын суадоны раз уæзданхуызæй салам радта, хорз хæдзары хицау йæ уазджытыл куыд сæмбæлы, афтæ. — Мидæмæ рахизут, уæ хорзæхæй,— йæ худын тыххæй уромгæйæ, ацамыдта æвзистау æрттивгæ суа- донмæ.— Æмæ не ’ппæтæн дæр æнцондæр цæмæй уа, уый тыххæй, цæйут æмæ баныхас кæнæм: амæй фæс- тæмæ суадонмæ боныгон цæуæм, æцæг — иумæ. Ахæм уæйгуыты... — Дæ зонд фæцыди æви? — тарстхуызæй йын йæ ныхас фескъуыдта хъæусоветы сфрдар. — Раст зæгъы Омар,— йæ ныхас баппæрста Се- лим.— Цæмæй тæрсæм, уый ма мын зæгъут? Давын- мæ, миййаг, куынæ цæуæм... Стæй афон у нæ талынг æгъдæуттæ ныууадзынæн дæр. Цалынмæ Мехти, Эмин æмæ Селим сæ бедратæ 197
дзаг кодтой, уæдмæ Омар касти мæймæ. Тæккæ æрдæ- бон дæр ма йæм тынг мæсты уыди. Ныр та? Ныр æм йæ цæлхыдзагæй худти хъæлдзæг, райдзастæй. Ома- рæн йæ циндзинад æмбæхсын йæ бон нал уыди æмæ фæхъæр кодта: — Æвæдза, цы диссаджы æхсæв у! чызг Уæззау цыд кæнгæйæ, Марйам йæ лæджы раз æрæ- вæрдта тæвд хъæрмхуыппы къус, стæй зынтæй æргуы- быр кодта, зæххæй сывæллоны систа æмæ бандоныл æрбадт. Уыди фæззыгон хъуынтъыз райсом. Сахаты фатæг æвдыета авд. Лæг аходæн йæхимæ хæстæгдæр æрбайс- та æмæ уыцы æнувыдæй хæрын байдыдта; уæлæмæ дæр не ’скаст, усмæ иунæг ныхас дæр не ’скодта, сы- вæллонмæ.та йæ сæр дæр нæ фæзылдта. — Цавæр дæ, цавæр, Сехлим? — фæлмæн хъæлæ- сæй бауайдзæф кодта ус йæ лæгæн.— Цыма ам дæр не ’стæм, уыйау нæ хъуыды дæр куы нæ кæныс. Сехлимы саулагъз даргъ цæсгом фæтар и, йæ мид- былты æнæрвæссон худт бакодта. — Ныв, миййаг, нæ дæ, æппынæдзух дæм цæмæ кæсон, уæлдайдæр мæ куыстмæ тагъд куы кæнын, уæд,— бустæхуызæй загъта Сехлим, æмæ йе ’фсинмæ уазал цæстæй бакасти. Марйам æрæнкъард, йæ сæр дæлæмæ æруагъта. Дыууæйæ дæр~ницыуал дзырдтой. — Æппындæр дæхи хуызæн нал дæ,— нал баурæд- та Марйам йæхи æмæ йе ’нкъард сау цæстытæй йæ лæгмæ скаст.— Æвзæрæй дын цы кодтон? Уарзын дæ, дæ цæрайæ куы цæрын, уæд ды... — Цæй, æгъгъæд у,— рамæсты ис Сехлим æмæ йæ тымбыл къухæй стъол æртъæпп ласта. Авджын мигæ- нæнтæ хæрдмæ фæхаудысты, сæ дзыгъал-мыгъул ссыд. Сывæллон нырмæ æнцад бадти йæ мады хъæбысы, фæлæ хъæрæй хæрдмæ фæхауд æмæ ныцъцъæхахст ^аста, йæ цæсгом йæ мады риумæ нылхъывта. Сабийы 198
кæуынмæ Сехлим йæхиуыл фæхæцыд, фæлæ уæддæр йæ маст не ’ссыд. — Ссардта мын рæстæг загъд кæнынæн! — сабыр- дæрæй загъта Сехлим.— Цавæр адæм стут, сылгоймæг- тæ, уымæн уын æппындæр ницы æмбарын.— Нæдæр азтæ ницæмæ дарут, нæдæр низтæ, нæдæр хæдзары хъуыддæгтæ. Уæ зæронды бонтæм дæр уæ уарзондзи- нады кой кæнут. Мæ зæрдæ фæцъæх ахæм ныхæстæй... Марйам бадти фæлурсæй. Сывæллоны басабыр кодта æмæ ныллæг хъæлæсæй сдзырдта: — Цæй зæронд дæн æз нырма, дæс æмæ мыл ссæдз азы дæр куынæма цæуы?.. Ды, кæй зæгъын æй хъæуы, зæгъдзынæГ «Мæ мызд дæм дæттын, сылгой- мæгтæм мæ хъус нæ дарын, нуазгæ пæ кæнын,* къа- хæй къухмæ дæ аразып, — цы ма дæ хъæуы?» — Æмæ афтæ нæу? — бацин кодта Сехлим. — Ау, царды мидæг æндæр ницы ис? — Марйам ма цыдæр зæгъынмæ хъавыди, фæлæ уыцы рæстæг иннæ уатæй æрбайхъуыст æмыр хуыфт. Марйам фæ- сыкк и æмæ уатырдæм æфсæрмы каст бакодта. — О, хуыцау! — йæ сæр батылдта ус. — Худинаг æмæ æрдиаг. Дохтыр сæхимæ ис, æвæццæгæн нын нæ ныхæстæ фехъуыста. Марйам ницыуал дзырдта, йæ былтæ йæ чызджы сæрмæ нылхъывта, йæ рустыл æрызгъордтой ставд цæстысыгтæ. Лæг æмæ усæй хæстæгдæр кæрæдзимæ дунейыл ничи ис, фæзæгъынц, фæлæ адон бадтысты æцæгæ- лæтты хуызæн, æмæ дзы алчидæр хъуыды кодта æн- дæр цæуылдæр. Марйам æнхъæлцау уыди. Йæ гуырыкопд сфьг- дынд, йæ цæсгом ныррæсыди, схъулæттæ. Уыдæттæ иууылдæр ныртæккæ Сехлимы зæрдæмæ нæ цыдйсты. Р1æ цæстытыл ауади, фондз-æхсæз азы фæстæ йæ би- нойнаг бынтондæр куыд пыффыдынд, куыд пыггуы- быр уыдзæн, йæ алыварс айдагъ цъæх чызджытæ, аф- тæмæй. Æмæ Сехлим йæхимæ фæкасти æппæт пæлгой- мæгтæй æнамоиддæр. «Цымæ ныр дæр чызг уыдзæн?» — хъуыды кæны Сехлим æмæ та йе ’рфгуыты бынæй йæ усы стыр гуы- бынмæ мæстыйæ бакæсьг. 199
Фæлæ Марйам æндæр цæуылдæр сагъæс кæны, сылгоймаджы маст куы бацæуы, уæд цæуылты фæса- гъæс кæны, ууыл: йæ лæг æй куы уарзта, фæлмæн цæс- тæй йæм куы каст, уыцы рæстæг йæ зæрдыл æрлæууыд. Фæлæ йæ абон йæ мысинæгтæ нæ тавтой, хуры тын уазал бæстыхаймæ адæймаджы куыд нæ тава, афтæ. Уатмæ æнæ сыбырттæй бацыди Сехлимы мад, Бо- жи,— дæргъдзæсгом ус, йæ цæстытæ адæймаджы ин- нæрдæм хызтысты, цыргъ фындз æмæ йын цыргъ ро- цъо; дидинджытæ-морæ гандзайаг кæлмæрзæн — йæ сæрыл, уый æдде сæр ноджыдæр сæрбæттæнæй баст, хадзытæ кæй дарынц, ахæм сæрбæттæны хуызæнæй. Зæронд ус æнæдзургæйæ йæ чындзы раз æрлæууыд, йæ уайдзæфгæнаг цæстытæ дзы фæцавта, йæ хъæбы- сæй йын фынæй сывæллоны фелвæста æмæ хъуыр- хъуыргæнгæ иннæ уатмæ ацыд. — Æвæццæгæн, чызджыты уæрдон нæ дуармæ асаст.— Æфсин сывæллоны хуыосæныл æрæвæрдта.— Æртæ чызджы фæдыл-фæдыл, æнæ иу лæппуйæ. Нæ лæджы ном, рухсаг æрбауа, кæуыл сæвæрæм, уый ма уæд! Иннæ ахæм йæ тæргæйттæ, мæ иунæджы мын йæ хъуырмæ скодта. Цыма кънйазы чызг у. Æфсины рæхуыст ныхæстæ чындзы иннæрдæм хыз- тысты. — Сехлим,— иæ къух йæ риуыл авæргæйæ ныхъ- хъæрзыдта Марйам,— исты мæн аххос у, чызджытæ нын кæй гуыры, уый. Стæй уым æвзæрæй цы ис? Цы уæлдай у, уыдоп сывæллæттæ не ’сты æви? Æрыгон куы дæ, ахуыргонд, фæлмæн зæрдæйы хицау, уæд мæ сæрыл цæуылнæ искуы рахæцыс? Дæ мадæн цæуылнæ исты зæгъыс? Куы мæ бахордта йæ уайдзæфтæй. йæ^ чындзы ныхæстæ айхъусгæйæ, Божи иннæ уа- тæй рауад, цъиусуры хуызæн Марйамыл йæхи ныц- цавта: йæ цæсгом фырмæстæй ныззылынтæ, йæ цæсты- тæ æнæуынон цæхæртæ скалдтой. Йæ мæллæг къухтæ йыл сцагъта: — Ноджыма кæлæнгæнæг дæр дæ? Дæу нæ хай цы хуыцау фæкодта, уымæн та цы зæгъон. Удыгагайы хуызæн лæппуйы фенамонд кодтай, уый дын æгъгъæд нæу, фæлæ ма йæ йæ ныййарæгыл дæр ардауыс, нæ? 200
Иннæ уатæй та æрбайхъуысти зæронд лæджы мæс- ты хуыфт. Марйамы буар фыррыстæй æрбампылдтæ æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта... Изæрырдæм Марйамы арæндонмæ аластой. Бон уыди хъуынтъыз, арв сау донджын мигътæй æмæхгæд, дæлæмæ калдта. Мад æмæ фырт уарынмæ ныххуы- лыдз сты, банафон, уæддæр сæхимæ нæма ацыдысты. — Цымæ та цы уы-ы-дзæн, цы-ы?—хъарæггæнæ- гау даргъ аивæзта зæронд ус, йæхи тæбын кæлмæр- зæны тухгæйæ. Стæй йæ къухтæ уæлæмæ сдардтл æмæ ^ ныллæгъстæ кодта: — 0, стыр хуыцау, фыдбылыз æмæ нæ худинагæй бахиз, лæппу нын дæ цæст бауарзæд! Фæлæ æвиппайды йæ кувын фæуагъта, уымæн æмæ хуыцауыл йæ зæрдæ нал дары — иу æмæ йæ дыууæ хатты нæ фæфыдæнхъæл кодта. Хинымæр хуыцауы дæр, йæ æгоммæгæс чындзы дæр ралгъыста æмæ йæ фырты цонгыл рахæцыд, цом нæхимæ, зæгъгæ. Фæлæ Сехлим йæ къух ратыдта æмæ уарынмæ лæугæйæ баз- зади. Сывæллон нæма райгуырд. Æвæццæгæн æй ахæм загъдгæнаг бинонты æхсæнмæ цæуын нæ фæндыдис. Æрмæстдæр фæсæмбисæхсæв æрбацыд Сехлим сæхи- мæ. Фырфæлладæй йæ къæхтыл нал лæууыд, йæ дзау- мæттæ дæр нæ раласта, афтæмæй сынтæгыл бахауд æмæ уайтагъд афынæй. Æвиппайды фæстæмæ фехъал, фæгæпп кодта. Цыма йыл цыдæр бæллæх æрцыд, уы- йау йæ зæрдæ срысти. Тыргъмæ рауад. Уым лæууыди хæрзхуыз ас сылгоймаг. Сехлим æй базыдта. Уый арæндоны санитаркæ уыди. — Сехлим ды дæ? — афарста йæ сылгоймаг тагъд- тагъд. ; ’ I ’ , ** I — Æз,—дзу^пп ын радта Сехлим ризгæ хъæлæсæй. — Де ’фсин тынг тыхст у. Дохтыр мæ дæумæ ра- рвыста... Чи зоны, æмæ дын хæрзбон... Цом рæвдздæр, машинæ нæм æнхъæлмæ кæсы. 201
Сехлимы зæрдæ бауазал. Ау, уый та куыд? Æнæ Марйам ма куыд цæрдзæни? Чысылгай йæхи æрæм- бæрста æмæ машинæмæ фæраст. йæ мады нал рай- хъал кодта. Рынчындонмæ бахизæны хæрхæмбæлд фæци стæвд- тæарæзт зæронд лæгыл, урс халат — йæ уæлæ. —А-а, уый ды дæ? — уазал иыхас æм скодта дох- тыр.— Уæддæр дæхиуæттæ бакодтай, гъеныр æрцæр!.. — Куыд у, куы?.. — тарстæй сдзырдта Сехлим, цы- дæр зæгъынмæ ма хъавыди, цæттæ уыди дохтырæн йæ къæхты бын атулынмæ дæр, фæлæ йæ уый дзургæ фæ- уагъта æмæ йæ рæзты фæраст. Санитаркæ Сехлимы цонгыл рахæцыд, тыргъмæ йæ ракодта æмæ йæ къæлæтджыи бандоныл сбадын код- та. Сехлимы рæзты дыууæрдæм цыдысты æнæзонгæ адæм, мидæгæй æнæрынцойæ хъуысти сылгоймæгты цъæхахст. Уым гуырдысты ног адæймæгтæ. Уыдон сæ мадæлты къухы тынг зынæй æфтыдысты: лæппу уа, чызг уа, уæддæр иухуызон зынæй. Сехлим йæ алы фарсмæ æнæбон ракæс-бакæс код- та, йæ цæстытыл уадис æвирхъау нывтæ: куы Марйам мардæй, уазал æмæ фæлурсæй, уымæй дæр сывæр- джынæй, куы цы, йæ алыварс сæ гыццыл чызджытæ кæуынц. Сехлим тынг тæригъæд кодта Марйамæн дæр, сывæллæттæн дæр, стæй йæхицæн дæр. Куы та-иу уæлмæрдты фестад. Мæпæ уæлæнгай дзыхъхъ къахт, йæ разы мардхæссæи сынт сау æмбæрзæнæй æмбæрзт, бæлæстæй згъæлынц бур хуылыдз сыфтæртæ. Сехлим йæхæдæг дæр — уым. Иæ чызджытыл хæцы, куыд нæ фæкæлой æмæ æлыгæйдзаг дзыхъмæ куыд иæ ныхха- уой, афтæ. «О, хуыцау, о, хуыцау, — дзуры йæхинымæр Сех- лим,— уадз æмæ чызджытæ дæр уæнт, цæрæнбонты дæр нын чызджытæ гуырæд. Куы сыстыр уой, уæд йæ- хи хуызæн уыдзысты. Куыд рæсугъд уыди, куы, Мар- йам! Стæй ныр дæр рæсугъд у!». Куы та-иу æвиппайды сагъæсыл фæци: «Цы кæн- дзынæн ныр чызджытæн? Æртæ чызджы æнæ мадæй куыд уыдзысты?» Стæй æвиппайды ахъуыды кодта: 202
«Омæ нырма æгас куы у,,уæд ыл цы хъарджытæ кæ- нын?» Сехлим æппындæр йæхи хуызæн нал уыд: йæ цæс- гом ныддаргъ, йæ цæстытæ мидæмæ бахаудысты. Дохтыр ын фæтæригъæд кодта, æрбацыдис æм æмæ йæ йæ кабинетмæ акодта. — Цæй, æгъгъæд у, мауал маст кæн, йæ зынтæй фервæзт,— загьта дохтыр. — Куыд фервæзт? — йæ зæрцæ ныссæххæтт ласта Сехлимæн.— Куыд нæ ма маст кæнон? Дохтыр сындæггай дымдта йæ лулæ. — Цард рæсугъд у,— дзырдта дохтыр,— лæппуи- ,мæ райгуыра, æви чызгимæ, уый хъауджыдæр нæу... Мад уæвын —уый диссаг у. Царды зындзинæдтæ, цар- ды бæрн мад йæхимæ исы. — Æз иу æнаккаг лæджы зыдтон,— тагъд-тагъд æмæ мæстыйæ дзурын райдыдта дохтыр. — Уый сыл- гоймаджы фæрæдийын кодта, стæй йæ сывæллонимæ ныууагъта. Ус та ма кæйдæр сидзæр чызджы дæр райста æмæ сæ иумæ схъомыл кодта. йæ цард сын ны- вондæн æрхаста. Никуы сæ ницæмæй фæхъулон кодта. Æмæ ма ахъуыды кæн, уыцы сылгоймаг дæр кæддæр гыццыл чызг куы уыд!.. Уый мæ мад уыди... Хъæрзын цы къулы мидæгæй цыди, уымæ бакæс- гæйæ, дохтыр сабырдæрæй загъта: — Гъе, афтæ зын у, гъе, мæ сыхаг, сывæллон ный- йарын. — Æмæ ма æлхыскъ ныхасы уагæй йæ дзырд- тæм бафтыдта: — Зынаргъ дæр сын уымæн сты сæ хъæбултæ, чызг уа, лæппу уа, уæддæр! ...Цалдæр боны фæстæ, иу райдзаст райсом, Сех- лим хæрзарæзтæй лæууыди рынчындоны раз. Æфсæр- мыгæнгæйæ, хæцыди дидинджыты бастыл, цъылыны хуызæн æй дæлæмæ æруагъта. Смæллæг, ныффæлурс, цыма уæззау низæй фæсад, уыйау. Уалынмæ иу æрыгон дохтыры уæхскыл хæцгæйæ, Марйам асинтыл æрцæйхызт. Дохтыр урс хъæццулы тыхтæй хъавгæ хаста сывæллоны. Марйам фæрæсугъддæр, фæлæ уыди æнкъард, фæ- лурс. йæ лæгмæ йе ’стыр сау цæстытæй скасти, рæв- даугæ, æнæхин цæстытæй, æмæ аххосджын худт ба- кодта: 203
— Чызг та у. Сехлим дохтыры къухтæй сывæллоны райста, йæ чысыл сырх цæсгоммæ йын ныккасти, стæй йæ усмæ разылд æмæ загъта: — Æмæ цы уæлдай у? Æгайтма дунемæ ног адæй- маг райгуырд, æндæр чызгæй лæппуйæ цы хъауджы- дæр ис!,
Аджаматов Аткай ÆЗ СÆРЫСТЫР ДÆН... Хи хъæбулæй æппæлын махмæ, хъуымыхъмæ, ху- динаг у. Афтæ ма вæййы, æмæ ус йæ лæгæй раппæлы, фæлæ уый дæр — йæ амæлæты фæстæ. Æз мæ фыр- ты не ’стауин, канд мæ фырт куы уыдаид, уæд. Чи зоны, мæлгæ мæ хæдзары уæддæр акодтаид, йæ сын- тæгыл. Сау нæмыг ын йæ раззаг дæндæгтæ ныммур код- та æмæ йæ къæбутæй ахызт. Ахæм уыди, гъе, мæ фырт, мæ фæрстæ фехæлой, знаджы цæстытæм уæн- донæй касти, æмæ йын уыдон дæр ахæм æбуалгъ ми уымæн бакодтой. Цы бон æй ныгæдтам, уыцы бон ын урсгвардионтæ йæ фыды амардтой, уый дæр — хъизæмары мардæй, æмæ сæ иу ингæны бавæрдтам фыд æмæ фырты... Байгас ис уыцы цæф, фæлæ зæрдæ хъæдгомæй баз- зади. Тагъд не ’слæгъз уыдзæн .мæ хъæдгом; чи йæ зо- ны, кæдмæ ма асæрф-асæрф кæндзынæн уыцы зæронд цæф! Ныббарут мын, мæ хуртæ, хъæбулы мард зын уромæн у. Æз чындзы ацыдтæн Аксайы. Мæ чындзæхсæв хъæздыг нæ уыди. Мæгуыр лæгæн йæ чындзæхсæв хæ- ринагæй хъæздыг нæ вæййы, фæлæ зарджытæй. Фы- дæлты æмбисонд цæйау акæны: «Мæгуыры зæрдæ — фынтæй хъал». 205
Мæ мойаджы хæдзармæ мæ куы фæцæйластой, уæд мæ хъустыл ауади зарын: цавæрдæр сылгоймаг зылапггæнæг хъæлæсæй, мæнæ цыма æвзист дзæнгæ- рæг цагъта, ахæм хъæлæсæй зарыд. Уый фæстæ мын чидæр загъта, отемишаг, дам, у; уымы сылгоймæгтæ та зарынмæ дæсиы сты. Кæд уæ фæнды, уæд уын за- рæджы ныхæстæ зæгъдзынæн, мæ зæрдæмæ тынг арф бахызт, цæрæнбонты дæр æй нæ ферох кæндзынæн. Цæугæ донмæ бахызтæн, Мæ къах дурыл аныдзæвд... Гъей, уæрæйдæ, уæдæ бакувæм, Цæмæй нæ чындз лæппу ьыййара,— Джан-Иухайæн æмбал куыд уа! Æз моймæ кæмæ цыдтæн, уый Джан-Нухай хуын- ди, йæ мыггаг та Батыр-Мурзаев уыди. Бахатыр кæ- нут, йæ ном дзурын мын не ’мбæлы/ фыдæлты æгъ- дæуттæй ма уыцы иунæг баззади, æмæ уый дæр, мæн- мæ гæсгæ, тагъд фесæфдзæн. «Цæмæй нæ чындз лæппу ныййара, Джан-Нухайæн æмбал куыд уа!» — уыцы ныхæстæ мæ зæрдæмæ ба- хызтысты æмæ мæхинымæр ахъуыды кодтон: «Æвæц- цæгæн, зарæг Нухай йæхæдæг æрымысыди». Æз уæд нæма зыдтон, зарджытæ мысынæй уæлдай ма æвзист цæгъдын дæр зоны, уый. Афтæ у, уæдæ! Фырт дæр ын куыд уа æмæ æмбал дæр, ахæм лæппу йæ хъæуы? Мæгуыр лæг хуым куы байтауы, уæд йæ зæрдæ ахау-ахау кæнын байдайы, мæ хор куыд æрзайдзæн, зæгъгæ. Йæ хъуыдытæ иууылдæр йæ хуымимæ вæй- йынц. Раст æз дæр афтæ уыдтæн. Цалынмæ мæ фыццаг сывæллон райгуырд, уæдмæ мæм фараст мæйы фараст азы хуызæн фæкастысты. Рацыди аст азы мæ фырты райгуырдыл. Æмæ иу- хатт Зайналабиды найгæйæ мæ зæрдыл æрлæууыдис уыцы зарæг. «Нухайæн фырт бæргæ ныййардтон, фæ- лæ йын цымæ æмбалæн бæздзæн?» — бафарстон мæхи. Мæ сæрыхицау мын цыма мæ хъуыдытæ фехъуыс- та, уыйау фаллаг уатæй радзырдта: — Фырты бæсты мын фæлтау чызг куы ныййард- таис. Мæнмæ уыцЫ ныхæстæ хъыг фæкастысты. «Уæдæ 206
иу хатты зарæг отемишаг сылгоймаг æрхъуыды кодта, Нухай нæ фæлæ»,— загътон мæхинымæр. Мæнæй Зайналабиды ныссæрфын дæр айрох, æмæ йæм дзурын: — Цæмæн афтæ зæгъыс? Хардзау мæм æркаст мæ фырты тыххæй, тынг æй уарзтон: Лæг йæ азым бамбæрста æмæ мæм иннæ уатæй ра- уад. — Æз æй дæу бафхæрыны тыххæй нæ загътон. Цæй, ныууадзæм, мауал ыл дзурæм. Æз дын уый зæ- гъынмæ хъавыдтæн, æмæ кæд сывæллоны пад фæдæ, уæд ын тагъддæр йæ дзаумæттæ скæн, абон æй скъо- ламæ цæуын хъæуы. Дæ зæрдыл æй бадар: иунæг бои дæр’скъоламæ куы фæцух кæна, уæд ын дæс бонмæ асастай йæ зæрдæ, дæс боны куы нæ ацæуа скъоламæ, уæд та йæ фондзыссæдз боны нал бафæнддзæн цæ- уын. Зайналабидæн йæ дзаумæттæ куы кодтон, уæд уый йæ дынджыр цæстытæй йæ фыдмæ скаст æмæ загъта: — Нанайæн дзуапп ратт, фæрсгæ дæ куы кæны, афтæ цæмæн загътай, зæгъгæ? — Чызг мын куы ныййара, уæд ын ратдзынæп. — Æмæ чызгæй цы кæныс? — Дæу хуызæн æй ахуыр кæпынмæ арвитон.— Æмæ ма йæ ныхæстæм бафтыдта: — Абон мæстыйæ æрбацыдтæн. Мæзджыттæ нæм сарæх сты, скъола та тыххæй-фыдæй байгом кодтам. Мæнæ сывæллæттæ партæтыл бадгæйæ кæм ахуыр кæнынц, ахæм скъола. Гъемæ мæн уый фæнды, цæ- мæй мах чызджытæ дæр, иннæ адæмты чызджыты хуызæн, скъолаты ахуыр кæной. Махмæ адæм афтæ фæдзурынц: чызджы, дам, ахуыр цæмæн хъæуы; уæд- дæр, дам, дзы молло нæ рауайдзæн. Мæнæн чызг куы уаид, уæд æй иннæты цæстмæ скъоламæ раттин. Куы нæ мыи ныййарай чызг, уæд мæхицæн мæнг чызг æр- хъуыды кæндзынæн æмæ йæ схондзынæн «æнамонд Габибат». Адæм ын йæ æнамоыд хъысмæт базондзы- сты æмæ сæ чызджыты скъоламæ дæтдзысты, цæмæй сын самондджыи уой, уый тыххæй,— дзырдта мæ сæ- рыхицау, стæй йæхи уатмæ ацыди æмæ чиныг кæсын 207
райдыдта — чингуытæ дзæвгар иста Хъырым æмæ Хъазанæй. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ æцæгæй дæр ра- дзырд ныффыста, «Æнамонд Габибат», зæгъгæ. Уыцы хабар уайтагъд Аксайыл æмæ сыхаг хъæутыл ахæлиу, мæнæ дымгæ заман зынг куыд тагъд ахæлиу вæййы, афтæ. Гъе ахæм адæймаг уыди мæ сæрыхицау, ахæм радзырдтæ цы сæр хъуыды кодта, ууыл дамбаца дзæ- гъæлы нæ ныххуырстой. Зайналабид хъæууон скъола каст фæци æмæ Аст- раханмæ дарддæр ахуыр кæнынмæ ацыд. йæ фыдмæ арæх фыста. Уый йын-иу йæ пиомотæ цалдæр касты бакодта. Иухатт ын афтæ зæгъын: — Иу кастæй цымæ пиомойæн бамбарæн нæ вæй- йы? — Писмо адæймаджы истæуыл куы ахуыр кæна, уæд ын иу бакаст чысыл у. — Æмæ дæу чи ахуыр кæны? — Дæ фырт,— дзуапп радта уый, йæ мидбылты худгæйæ. Мæнæн мæ зæрдæ цинæй айдзаг. Рудзгуытæ уæрæх байгом кодтон, уат мæрзыныл фæдæн æмæ хъуыды кæнын: «Цы фырт мын ис, цы! Йæ фыдæн æмбал нæ, фæлæ ма ахуыргæнæг дæр у». — Кæс-ма, кæс,— фæдзырдта мæм мæ сæрыхицау æмæ мæм Хъазаны газет «Адæм» æвдисы. Газеты уыди Зайналабиды ныхæстæ фыст, йæ фыд мын сæ хъуымыхъхъаг æвзагмæ ратæлмац кодта. Уы- цы ныхæстæ адæймаджы æфтыдтой цавæрдæр хъуыды- тыл. «Æхсæрдæсаздзыдæй ахæм кæм у, уым куы сдын- джыр уа, уæд цы уыдзæн?» — ныббуц дæн мæ фыртæй. Зайналабид Астраханы афæдз дæр нæ фæци, æнæ- нхъæлæджы æрыздæхт. Æз фæтарстæн, йæ фыд æм куы хæца, уымæй, æмæ уал ын йе ’рцыды сæр мæхæ- дæг базонон, зæгъгæ, йæ бафарстон: — Цæмæн æрыздæхтæ? — Хасав-Юрты мæ скъоламæ нæ айстой, дæ фыд, дам, хъæздыг нæу; Астраханæй та мæ уымæн ратард- той æмæ мæхæдæг дæн хъæздыг... адæмы сагъæстæй. — Ау, æмæ адæмы мæт куы кæнай, уæд уый тых- ха*й тæргæ кæнынц? 208
— Тæргæ, нана, тæргæ. Днссаг дæм иæ кæсы уый? Ахæм дзуапп мын радта мæ фырт. Фæлæ йæ фы- ’ дæн бамбарын кодта: — Газет «Адæм» сæхгæдтой. Фысгæ йæм чи код- та, уыдонæн сæ иутæ ахст фесты, иннæтæ сæхи уыр- дыгæй райстой, мæнæ мæ хуызæн. — Ды раст бакодтай,— раппæлыд дзы йæ фыд. Уый фæстæ, хæсты райдианы, Зайналабид Хъазан- мæ ацыди, фæлæ та уырдыгæй дæр уайтагъд сыздæхт, йæ сæрыхъуынтæ уæхсчыты онг æрхæццæ сты, афтæ- мæй. — Цæмæн æрцыдтæ фæстæмæ? — бафарстоп æй æз. — Ратардтой та мæ. Æцæгдзинадæй та хæсты ныхмæ зарæг ныффыста æмæ йæ Бетъырбухмæ арвыста. Пъæлицæ йæ ахсын- мæ агуырдтой, фæлæ уый ралыгъди. — Æмæ уæд ахæм даргъ дзыккутæ та цæмæн да- рыс, туджджыны хуызæн? — бафарстон та йæ æз. — Хорз загътай, нана. Æз æцæгæй дæр туджджын дæн, фидауыныл чи никуы сразы уыдзæы, ахæм тудж- джын. Мæнæн мæ удæй мæ хуылфы ницыуал аззад. — Мæ хæдзар байхæлд, кæмæй фæтуджджын стæм? — Адæмы чи хурх кæны, уыдонæй. Мах пæ хæ- цæнгæрзтæ не ’рæвæрдзыстæм, цалынмæ пæ маст рай- сæм, уæдмæ. Йæ ныхæстæй-иу алы хатт дæр мæ зæрдæ ссыгъди, цыма-иу æм зынг баппæрста, уыйау. Фæлæ йæ мемæ арæх ныхас кæнынмæ не ’вдæлди. Куы-иу фæзынд, уæд-иу нæ хæдзар, мыды чыргъæдау, гуыв-гуыв сси, йæхи хуызæн æрыгон лæппутæй нæм-иу бацæуæн нал уыди. Суанг ма-иу йæ фыд дæр, цыма йæ цахъхъæн уыди, афтæ ныхас кодта йемæ. Иуæй-иу хатт-иу Зай- налабид æмæ йе ’мбæлттæ сæн дæр анызтой. Иухатт та бадтысты иу къордæй, сæ разы — сæны авг. Æз сын хæринаг бахастон æмæ сæм дзурыи: — Куыд зын мын у, мæ фыртмæ цыдæр кæй æм- бæхсы, ууыл хъуыды кæнын, уый зонут? Зайналабид сыстади. — Нана, мах чызг курынмæ хъавæм. 14 Дагьистайиаг зæриигуырдтæ 209
— Æмæ цы кæны? Амондджын боны куырд фæ- уæд. Кæмæн æй курут? — Уый райсом хурыскастыл бæрæг уыдзæн. Æр- мæст æй макæмæн ма зæгъ, хъусыс? — Ма тæрсут, мæ дзыхæй ницы ’суадздзынæн,— загътон æз, æмæ ма, уатæй рацæйцæугæйæ, мæ ны- хæстыл бафтыдтон: — Цыдæриддæр кæнат — алцæ- уыл дæр разы дæн, æрмæст уæ уыцы нозт пицæмæн хъæуы. Пысылмон лæгæн нуазын нæ фæтчы. — Чысыл-ма фæлæуу, нана,— загъта Зайпалабид. Иу ахæм поэт уыди, Омар Хайям, зæгъгæ, ахуыргонд адæймаг, сæн уарзаг. Уæд æм иухатт урсзачъе зæрæд- тæ бацыдысты æмæ йын лæгъстæ кæиынц, йæ нуазын куыд ныууадза, афтæ. Æмæ сын уый куыд загъта, уый зоныс? Æз, зæгъы, сæнæфсиры талаты туг нуа- зын, сымах та, дам, адæймаджы туг. Талаты туг нуазыны æвзæрдзинадæй ницы ис, уæл- дайдæр — чындз хæсгæйæ. Адæмы туг чи нуазы, ахæм- тæ та нырма бирæ ис. Ды зоныс, ныртæккæ цы хæст цæуы, уый? Æвирхъау хæст. Аксайæ, стæй иннæ хъæу- тæй адæм хæстмæ ацыдысты сæхи уæрдæтты. Æмæ та иыр ноджы адæмы æд бæх æмæ æд уæрдæттæ æм- бырд кæнынц. Мæнæ нæхи Хасав-Юрты зылды цас цæры,— дзырдта мæ фырт,— ацы хæсты алы бон дæр уал адæймаджы мæлы. Ис дыкъахыг бирæгътæ æмæ гъеуыдон нуазынц, гъе, адæймаджы туг. Уыдон пы- сылмæтты æхсæн дæр сты æмæ чырыстæтты æхсæн дæр — уьщы бирæгътæ сты хъæздыджытæ, кънйæзтæ, зæххыты, хъæдты æмæ фабрикты хицæуттæ. Цæй-ут, æмбæлттæ, уæ нуазæнтæ сисут! Бар нын дæттыс, нана? — Дæттын, мæ бон, дæттын. Уæ ныхæсты фæстæ æз дæр нуазын куы райдайон, уымæй тæссаг у,— загъ- тон æз æмæ уатæй рацыдтæн. Мæхæдæг хъуыды кæ- нын: «Ныр кæд уыцы чызджы æнæ мах бафæрсгæйæ йæхицæн куры, уæд та?» Райсомæй донмæ куы фæцæйцыдтæн, уæд адæм уынджы къордтæ-къордтæй лæууыдысты, бирæтæ дзы мæстыйæ дзырдтой: — Уый цавæр хæст у, хуыцауы тыххæй, æппын ын фæуæн нал ис? Нæ бон куынæуал у хæцын! 210
— Æз пæ ацæудзынæп, стæй бæх æмæ уæрдоп дæр иæ ратдзынæн, — загъта иннæ. — Æз дæр уæдæ нæ дæттын, стæй мæхæдæг дæр иæ цæуын,— фæхъæр кодта æртыккаг. Зайналабид изæры нæхимæ хъæлдзæгæй æрбацыд. — Уый цы бакуыстай, нана! Не ’мбырды тыххæй се ’ппæтæн дæр куы радзырдтай,— загъта уый. Хъыг мын уыдысты мæ фырты иыхæстæ. Фыццаг хатт мæм бауæндыд афтæ. Бынтон дзæгъæлы мæ баф- хæрдта. Æмæ кæм лæууыдтæн, уым, пецы раз, мæхи æруагътон, мæ сæрыхъуын уырдыг абадт. Уæд мæм Зайналабид æрбацыд æмæ мыл уæлæмæ схæцыди. — Ныббар мын, нана, æз дæ фæлваргæ кодтон, кæддæра дын не ’мбырдты уæвæн ис æви нæ. Мæнæн фенцондæр ис, æмæ йæ фæрсын: — Кæй куырдтат, уымæй цы баистут, кæй чызг у? — Уыцы чызг у, мах цы хъуыддагыл архайдтам, уый, ома нæ нысан. Знон бафидыдтам, абон та йæ чындзы арвыстам. Цыбыр ныхасæй, мах архайдтам ууыл, цæмæй Аксайæ хæстмæ мачи ацыдаид, æмæ уы- цы хъуыддаг нæ къухы бафтыд..Иннæ хъæутæм дæр фехъусын кодтам, «Аксайы уæрдæттæ ничи дæтты æмæ сымах дæр ма раттут», зæгъгæ. Уый фæстæ Зайналабид Хасав-Юртмæ ацыдис. Иухатт, къуырисæры — базары бон — нæ лæг Хасав- Юртæй æрбаздæхт æмæ мын загъта: — Абон мæ бауырныдта, дæ фыртæй адæймаг ра- уайдзæн, уый. > — Куыд ома? — Адæймаджы базонын дæ куы фæнда, уæд ын йе ’мбæлттæм бакæс. Дæ фырты хæлæрттæ чи сты, уый зоныс? — Кæд мын сæ зæгъай, уæд сæ зондзынæн. Нæ лæг мын, Зайналабидæн Темир-Шур æмæ Ан- жи-Калайы цы хæлæрттæ уыд, уыдон ранымадта. Уыдон уыдысты: Казбеков Султан-Саид — уарийау ныфсхаст лæппу, Буйнакский Уллубий — рагон чи- ныгау зонынджын, Дахадаев Махач — æхсарджын, Саидов Гарун — мæнæ арт кæмæй фæзæгъынц, ахæм гуырд, Ермошкин — цæргæсау уæндон. 211
Уыдон кæд иу адæмы хаттæй нæ уыдысты, уæддæр кæрæдзиуыл тынг хæцыдысты, æмæ æз уымæй сæры- стыр дæн. Стæй ма^Зайналабид æмæ йæ фыды хуы- зæн знæгтимæ тохы хъæбатыртау кæй фæмард сты, уымæй дæр дæн сæрыстыр. Адæм уыдон хуызæттыл æрымысыдысты мæнæ ахæм æмбисонд: «Лæгтæ райгуырынц хуыссæны, фæ- лæ мæлгæ та акæньшц хæсты быдыры». Сæ къорд хуынди «Сæууон стъалы». Мыхуыр код- той журиал. Æмæ-иу Зайналабидæн йе ’мбæлттæ аф- тæ куы загътой, æрмæстдæр зарджытæ æмæ радзырд- тæ фысс, зæгъгæ, уæд-иу мæ фырт йæ мидбылты ба- худт: — Фысгæ æз мæ галиу къухæй фæкæнын. Фæлæ мын уæд мæ рахизæй та цы кæнын кæнут. Иухатт æй æз бафарстон: — Цал æвзаджы зоныс? — Тæтæйраг æвзаг хъуымыхъхъагæй хуыздæр зо- нын. Лезгинаг, тюркаг æмæ араббаг æвзæгтæ дæр мæ мадæлоы. æвзагæй æвзæрдæр нæ зонын. Ис ма, се ’ппæтæй фылдæр кæй уарзын, ахæм æвзаг. Æмæ ныр уыцы æвзаг ахуыр кæнын. — Цавæр æвзаг у уый? — Ленины æвзаг. Цалынмæ уырыссаг æвзаг уы- рыссаг адæймаджы хуызæн базонон, уæдмæ, «зонын æй», зæгъгæ, нæ зæгъдзынæн. Мæ фырт мын радзырдта Ленины тыххæй. Дзур- гæйæ йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой, йæ цæсгом ныр- рухс. Уьщы рæстæг уыд стыр ивддзинæдты рæстæг. 1918 азы Дагъистаны Советон хицаудзииад сфидар. Фæлæ революцийы знæгтæ цагъд нæма фесты. Зай- налабиды æмбæлтты хъуыди æмбæхстæй кусын. Æф- сæнвæндæгтæ бафтыдысты знæгты къухты, адæм та райдыдтой зæроид уæрдонвæндæгтыл цæуын. Аксайы уыди стыр телеграфон цæджындз; уыцы цæджындзæй æртæрдæм цыди телеграфон телтæ. Боль- шевикты ног хабæрттæ Бакуйæ Ростовмæ, Левашæй Астраханмæ, Астраханæй Дзæуджыхъæумæ цыдысты А^сайыл. 212
Æмæ-иу мæ фырт алы хатт дæр, писмо райсгæйæ, базарыд: Æрбайхъус, цæй, ацы дунемæ — Æхсæвæй-бонæй цæуынц писмотæ. Æмæ æхсæвæй-бонæй писмотæ кæм цæуыиц, Уым адæймаг æнæ дзургæйæ куыд лæууа? ’ Мæ хъæбул æнæ дзургæйæ лæууын нæ фæрæзта, æмæ махæй уайтагъд ацыди. Мæй дæр нæ рацыд, афтæ иу талынг æхсæв фæстæ- мæ фæзынди æмæ загъта: . — Нана, исчи мæ куы фæрса, уæд æз Аксайы нæ дæн. Бамбæрстай? — Бамбæрстон. Æз «æй, кæм уыдис, уымæй нæ бафарстон, æрмæст æм бадзырдтон: — Кæм уыдтæ, уым цы федтай? — Федтон дзы, хæринаг чи цæттæ кæны, ахæмты дæр, стæй марг чи цæттæ кæны, уыдоны дæр. — Уый куыд æмбаргæ у? — Иутæ адæмæн пайда хæссынц, ’иннæтæ та — зиан. Бакуйы, нана, ахæм адæймæгтæ ис, æмæ марг цæттæ кæныны куыст йедтæмæ чи ницы кæны, адæмы кæрæдзиуыл ардауынц... — Æмæ мæнæ Хасав-Юрты дæр афтæ нæу? Иутæ иннæты цæрын нæ уадзынц. Нæ мæ уырны, искуы адæм кæрæдзиимæ хæларæй цæрын байдайой, уый. — Мæн дæр нæ уырнид, иу стыр адæймаджы куы нæ базыдтаин, уæд. — Кæмæй зæгъыс? — Кæмæй куы зæгъай, уæд адæмты кæрæдзиуыл бæттынмæ стыр дæсны чи у, уымæй, Ленинæй. Стæй сбадт æмæ фыссын райдыдта. — Рахиз къухæй фысс, — загътон ын æз. — Де ’знæгты рæзты куы фæцæйцæуын, уæд хъæрæй мæ фæдыл афтæ фæдзурынц: «Уæртæ галиуæг большеви- чы мад фæцæуы». — Мæ рахиз къух мæ æндæр хъуыддагæн бахъæу- дзæн, — бахудт Зайналабид. — Æмæ мæ галиу къух цæмæй æвзæрдæр у? Ай-гъай, мæ галиу къухæй кæй фыссын, уыдон уыцы бухайраг кæрцджынты зæрдæ- 213
тæм нæ цæуынц. Æрбайхъус-ма. Æмæ мын Зайнала- бид бакаст: Фидар къахдзæфтæ кæн зæххыл, Фæстæмæ — иунæг дæр нæ! Цæттæйæ лæуу дæ туг ныккалыныл Адæмы, бæстæйы сæрыл. Дарддæр та фыссын, дагъистайнаг кънйæзтæ æмæ хъæздгуытæ зæхкусæг Магомеды зæхкусæг Иванимæ хæларæй цæрын кæй нæ уадзынц, ууыл. Фæлæ уыдон уæддæр балымæн уыдзысты, кæс-м,а-иу. Уыцы бон та Зайналабид нæхицæй ацыд. Æмæ нал æмæ нал зынд. Абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы: уыди майы райдзаст бонтæй иу; æз кæрты астæу карчы цъиутæн хæринаг лæвæрдтон, фæлæ мæ хъуыдытæ уыдыеты мæ фыртимæ. «Зайналабид куы æрыздæха, уæд та куы ницы бæллæхы бахауид, мæнæ «цыхцырæгæй тæдзы- нæш<æ цæйау фæзæгъынц», уыйау, — дзурын мæхины- мæр. Уый уыди нудæеæм азы. Хъæуы уынгты, æрра куи- тау, дыууæрдæм кодтой Деникины афицертæ. Иунæг Аксайæ аластой фондзыссæдз лæджы æмæ фондзыс- сæдз ифтонг бæхы. Сæ хæстæджытæ сæ фæдыл ра- цыдысты. Мадæлты дзыназынæй дур хæлди, хоты кæ- уын арвмæ хъуыст. Æгъдаумæ гæсгæ хотæн хъæрæй кæуын худинаг нæ уыд. Фæлæ мæгуыр сæ устытæ уыдысты, — уыдон куыдтой сусæг нуыдæй. Мæнæн мæ маст мæ риу, зынгау, сыгъта. Уыцы бон Зайналабидæй писмо райстам. Йæ фыд æй бакаст: — «Ногъайаг партизантæ мæм ныр ис дæс æмæ ссæдз». Æ, йæ нывонд æрбауон, уыйбæрц ногъайæгтæ иу- нæг хъуымыхъхъаджы фæдыл ацæуæнт, — ныббуц дæн мæ фыртæй. — Æндæр ма цы фыссы? — бафарстон йæ фыды. — Диссагæй ницы. Фæрсы, рæстæг куыд у, уымæй. Кæд, дам, хус рæстæг скодта, уæд уарын арвитон. Уыцы заман фондзыссæдз лæппуйы æмæ фондзыс- сæдз бæхы сæ разæй, афтæмæй Деникины афицертæ 214
араст сты хъæуæй. Хъæу хасты хуызæнæй баззад, алырдыгæй дзы хъуысти æрмæсгдæр хъæрзын æмæ дзыназын. Зайналабид йе ’мбæлттимæ афицерты размæ бабад- ти. Сæхимæ сæ хæстæг æрбауагътой, стæй сæ æхсын райдыдтой. Афицертæ алырдæм лидзæг фесты, хæст- мæ цы адæмы ракодтой, уыдон та сæ хæдзæрттæм аздæхтысты. Сахат раздæр дæр ма хъæуы кæуын йед- тæмæ ницы хъуысти, ныр бæстæ худт æмæ хъазт сси. Адæмыл айхъуыст, уый Зайналабиды куыет уыди, зæгъгæ. Фæлæ йæхæдæг хъæумæ не ’рбацыд, — Темир-Хан- Шурумæ тагъд кодта. Нал æй хъуыды кæнын, Темир-Хан-Шуру уæд кæй баци—деникинæгты, мусоаватистты æви æндæр искæ- йы, уый, бирæ уыдысты уьщы рæстæджы. Большевик- ты комитетæн ацы хатт Шуруйæ ацæуын сæ бон нал баци æмæ рынчындоны цары бамбæхстысты. Уым сын ссарынæй тас нæ уыд. Уæд комитеты уæнгтæй иу афтæ зæгъы: — Горæты уавæр куыд у, уый базонын хъæуы, на- уæд ахсæв ницы бакæндзыстæм. Зайналабид, æнæдзургæйæ, хæдзары сæрæй бæлас- •мæ бахызт, бæласæй зæхмæ æргæпп кодта æмæ цы- дæр æрбаци. йæ лымæны кæрты разынди саргъæвæрд бæх; абадтис ыл, æддæмæ рауад æмæ бульварырдæм фæ- цагайдта. Бульвары тезгъо кодтой афицертæ сæ уар- зон чызджытимæ. Зайиалабид бæхы ехсæй ныцъ- цъыкк ласта æмæ сæ рæзты цыппæрвадæй атахт: — Тæппудтæ! Тёзгъо мынкæнынц!.. Дзæгъæлы æр- сабыр стут, тагъд та нæ ардæм хъæуы! — Ныхъхъæр сæм ласта фæстæмæ æмæ уыйадыл’æрбайсæфт. Уыцы бон æй хуыцау нæ мардта, æндæр куыд аир- вæзт, уый диссаг у. Фæлæ уæддæр æдзардæй байсæфт, уымæн æмæ йын æхсидгæ зæрдæ уыди. Зайнала-бид иннæ хъæутыл куы фæзылд, уæд йæ къордимæ Аксаймæ æрбацыди. йæ къорд бонæй-бон фылдæр кодта, фысты дзутл зайыны рæстæг куыд æфта, афтæ -йыл æфтыди. Зайналабид ногъайаг чъи- 215
биткæтæ дæр басгæрста, Бакылы дæр уыдис, /хъуы- мыхъхъы хæдзæрттæ дæр дзы нæ ферох сты, Къайсу- йы дæлвæзы, Кара-Алачы, хъæмпæй æмбæрзт хъазахъхъаг хуторты дæр уыд, — иу ран дæр ын æнæ- бæрæг нал баззади. Æмæ ныр йæхи хуызæттимæ æрба- цæйцыди Хасав-Каламæ, деникинæгтæн сæ зæвæттæ тæрхъусы сойæ сæрдынмæ, тагъддæр куыд лидзой, афтæ. Зайналабидæн нæхи хъæуы фылдæр знæгтæ уыди иннæ хъæутæй. Æмæ мын æй нæхи уæлмæрды ныгæнын дæр уымæн нæ бауагътой. Чи зоны, нæ хъæуы æвзæр адæмы йæхæдæг хуыздæр зыдта иннæ хъæуты æвзæр адæмæй; йе та, чи зоны, уыдонæн сæхи бафæндыд Зайналабиды хæстæгдæр базонын, уымæн æмæ йæ къорд хъæумæ куы æрбацыд, уæд хъæздгуы- тæй раздæр базары фæзмæ ничи рацыд, æмæ се ’ппæты разæй æрлæууыдысты. Мæгуыртæ та, сæ фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ, фæстейы уыдысты. Фæзы фезмæлæн нал уыди. Зайналабид уый бафиппайдта æмæ бæхæй дæр нæма æрхызт, афтæмæй фæхъæр кодта: — Бухайраг кæрцджынтæ, фæстæмæ алæуут; мæ- гуыртæ, сымах та размæ рацæут! Хъæздгуытæй чндæр, бухайраг кæрц йæ уæлæ, цыдæр зæгъынмæ хъавыди, фæлæ йæ а нæхион не ’суагъта: — Абон уын ныхасы бар нæ дæттæм, æгъгъæд у, ныронг æрмæст сымах дзырдтат. Хъæздыг лæг састы бынаты баззайын йæ сæрмæ нæ хаста æмæ фæстæмæ æрбадзырдта: — Гъей, къулбадæг, нæ хъæу нын æнцад куы ныу- уадзис! — Афтæ æнхъæлут, æмæ ацы уылæнæй фервæз- дзыстут? — йæ мидбылты бахудти Зайналабид. — Нæ, фыццаджыдæр дзы сымах сæртæ фесæфдзысты. Раст загъта мæ фырт,' уыцы уылæн сæ йæ быны фæкодта, фæлæ йын йæхи дæр амардтой. ... Зайналабид сфæнд кодта Хасав-Кала бацахсын. Уый тыххæй йæ уаты сарæзта æмбырд. Мæнмæ рацы- ди æмæ мын загъта: — Нана, тагъддæр цæмæй араст уæм, уый бакæн. Æз сын хæринаг куы бахастон, уæд Зайналабид уырыссагау ныхас кодта, Камышинæй цы большевик 216
æрцыд, уыимæ, иулеметчикты къорды къамандиримæ. Æз уазджытæм кæсгæйæ баззадтæн. — Зæгъ-ма, нана, цы рæсугъддæр у: алыхуызон дидинджыты баст æви иухуызон? — бафарста мæ мæ фырт; — Кæй зæгъын æй хъæуы, алыхуызон дидинджыты баст. Афтæ уæдæ дзæгъæлы фæзæгъынц: «Сырхбын хуызимæ — кæрдæгхуыз фидауы, цъæх ма сæм куы бафтауай, уæд та сæм адæймаг кæсынæй не ’фсæды». — Гъемæ уæдæ махмæ, цас дæ фæнды, уыйбæрц кæс. Йæ къорды бирæ лæппутæ уыди, алыхуызон адæмы хаттæй. Фæлæ дзы æз никæй зыдтон, Кумторкалæй цы пулеметчиктæ ракодта, уьгдонæй фæстæмæ. — Раст зæгъыс, мæ хъæбул,—дзуапп радтон æз.— Уæртæ уый у, — ацамыдтон дзы иумæ, — сырх диди- нæг, мæнæ уый — малусæг, Инал... — иннæты ма цы схуыдтаин, уый нал зыдтон, æмæ банцадтæн. Зайналабид схъæлдзæг и. — Мæнæ ай та авайраг у, Бартунайы хъæуæй, — æрцавта йё ’мбæлттæй иуы уæхск. Мæн фæндыди, мæ зæрдæ куыд уынгæг, куыд тыхст у, уыдæтты тыххæй радзурын, фæлæ мын Зайналабид мæ ныхас фескъуыдта: — Байхъусæм-ма, напа, ацы зарæгмæ: Бартунайæ цы дымгæ цæуы, уымæн бауромæн нæй. Нæй ныллæууын кæнæн æхсæрдзæнтæн. Иу ныхасмæ дыккаг хатт хъусæн нæй. — Цæй, хорз, уæдæ, ницыуал зæгъын, — бахудтæн æз æмæ сæ разæй рацыдтæн. Сæ бæхтыл куы сбадтысты, уæд мæ бартунайаг лæппу йæ хъæбысы акодта æмæ загъта: — Дæ фырт кæм мæла, уым æз дæр мæхиуыл нæ бацауæрддзынæн. Фæндараст нын зæгъ, нæ мады хай! Æмæ æцæгæй дæр, уыцы бартунайаг Зайналабиды хъахъхъæнгæйæ фæмард, сау сыджыт ын пух баз феста!.. Уыцы заман алкæй хæдзары тачанкæ нæ уыд. Уæр- донджынтæ чи уыдысты, уый уæхæдæг хуыздæр зонут. 217
Фæлæ ныр Хасав-Каламæ фæндагыл райсомæй изæр- мæ тачанкæты гыбар-гыбур нал æнцад, æмæ уый канд базары оонты нæ. Базар уыди деникинæгты штабы фарсмæ. «Баххуыс кæнут! Зæхх нæ къухтæй ирвæзы, тагъд- дæр æххуыс рарвитут!» — фехъусæн уыди базары алы къуымты. Уыцы тæссаг хабар Деникины æфсæдты штаб æр- высга дарддæр. Фæдисы гуыв-гуыв кодтой телеграфы телтæ: «Тагъддæр æххуыс рарвитут. Партизаптæ иу хъæу иннæйы фæдыл исынц! Батыр-Мурзаев Зайнала- бид Астраханимæ бастдзинад дары». Æмæ æцæгæй, мæ фырт Астраханы уыди, Кировы дæр федта. Зайналабид-иу фæзынди уадау. Йæ къор- димæ Хасав-Каламæ куы æрбахæстæг, уæд Деникины æфсæдтæ се ’штаб вагонмæ аивтой. Æз уььцы вагон зонын. Фæлæ йæ мæ хæраммæ бæл- лæг дæр æз цы хуызы базыдтон, уьщы хуызы базонæд. Æз уырдæм урсыты булкъонмæ лæгъстæмæ бацыдтæн, Зайналабиды фыды мын ныгæнын цæмæй бауагъ- таид, уый тыххæй. Уый размæ æхсæв Грознайæ Хасав-Каламæ сар- мадзанджын æфсад æрбацыди; уыдон æрæнцадысты горæ,тгæрæтты. Зайналабидæй афтæ, æмæ знаджы æф- сæдтæ дыууæ хатты фылдæр йедтæмæ не ’сты, цыппар хатты фæфылдæр сты, уый æнхъæл сын нæ уыди. Хъæздгуытæ штабы вагонмæ дьгууæрдæм кодтой, сæ мидбылты худт сæ рихиты бын æмбæхсгæйæ. Уалынмæ тачанкæтæ партизантыл сæхи ныццавтой, партизантæ фæпырх сты. Сæ лæмæгъдæртæ знæгты фарс фесты. Кънйаз Хабийы бинонтæ уæдмæ Бараюр- ты уыдысты. Уыдон сцырен кодтой, знæггæ цы арт ссыгътой, уый: дæс æмæ ссæдз барæджы йæ фæстæ, урс тырыса йæ къухы, афтæмæй Хаби йæхæдæг Дени- кины æфсæдты размæ рацыди. — ~3нагмæ фидыды тырыса ма равдис!—ныхъхъæр æм кодта Зайналабид æмæ Хабийырдæм атахт. Гъе афтæмæй бахауд дæс æмæ ссæдз барæджы къухмæ, домбай ахстонмæ куыд бахауа, раст афгæ. Уайтагъд æй афистæг кодтой, йæ хæцæнгæрзтæ йын байстой. Фæлæ мæ фыртæн йæ ныфс нæ асаст. Сармадзантæ 218
кæцæй æрбацæйластой, уыщырдæм ацамонгæйæ, загъта: — Ме ’нæуынон стут, ме ’нæуынон. Уадз мæ туг ныккæла сæрибардзинадыл тохы. — Ма йæ уадзут дзурын! — ныхъхъæр кодта кънйаз Хангирей. Уыцы ныхæстæ Зайналабидмæ хъыг фæкаетысты. — Гъей, æнаккаг, цы ма зæгъон дæуæн та? Мæны- хæстæ иууылдæр нæ иумæйаг хъуыддагæн радтон æмæ уыдон рухс кæндзысты иннæтæн сæ фæндаг. — Йæ тæккæ хъæлæсы ма йын нæмыг фæкæн! — ныхъхъæр та ласта кънйаз Хангирей. — йæ фондз ны- хасы фондз горæты халынц, уый нæ зонут? Цалдæрæй иумæ фехстой, фæлæ З’айнала.бид не ’рхауд, — йæ бартунайаг æрдхорд æй йæхицæй бам- бæрзта æмæ нæмыг уый ныхыл сæмбæлди. Мæ фырты бæсты мæлæт райста. Зайналабид æй зыдта, нал аирвæздзæн, уый, фæлæ уæддæр йæ цæст нæ фæныкъуылдта. — Æз цы тауинаг байтыдтон, уый æнæмæнгæй ыс- зайдзæн æм,æ ратдзæн хъæздыг тыллæг, — загъта ма фæстаг хатт йæ царды мидæг. Нæмыг ын йæ дыууæ раззаг дæндаджы батыдта æмæ къæбутæй ахызти. Уæхæдæг æй зонут, тауыны рæстæг кæд вæййы, уый. Цавæр тауинаджы кой кодта, уый дæр æмбарут, æвæццæгæн, — уый тыдта Ленины амындтытæ адæй- маджы амондæн. «Дæ тыхст сахат дæ зæрдæйы маст кæмæн радзу- рай, уый куы нæ уа, уæд, дам, хæйрæджытæ фырци- нæй фæкафынц», — загъта Казак Ирчи, нæ уарзон хъуымыхъхъаг поэт. Уыцы бон æрцахстой Зайналабиды фыды æмæ йæ акодтой. Куы фæцæйцыд, уæд мын бафæдзæхста: — Мæ мард мын-иу æнæ ныгæдæй ма ныууадз, знæгтæ мæ куы баныгæной, уæддæр мæ-иу скъах æмæ мæ дæхæдæг баныгæн. Æз уæд цы æхсæв арвыстон, ахæм æхсæв арвитæд. хæрам уæм чи у, уый. Райсомæй ахæстонмæ атахтæн æмæ Зайналабиды фыды решеткæйы мидæгæй ауыд- тон. — Иу хъуыддаг ма дæ курын,— загъта ма уый.— 219
Дæ маст æмæ дæ цæстысыгтæ знæгтæм ма равдис, дæхи уыдон цæсты ма бафтау. Уадз æмæ мах амæлæм, фæлæ нын нæ маст чи райса, ахæмтæ разындзæн. Æз ын йæ къух райстон, нылхъывтон ын æй, хæрз- бон, зæгъгæ. Иуныхасæй, мæ сæрыхицауы мæлæтмæ афæндараст кодтон. «Нырма мæ фырты мард сыджытыл куы сæмбæ- лын кæнин», — ууыл уыди мæ сагъæс. Æрмæстдæр мын æвддæсæм бон радтой Зайналаби- ды м-арды. Ацыдыстæм ингæн къахынмæ. Штабæй нæм иу лæг фæзынд æмæ райдыдта æртхъирæнтæ кæнын: — Мах дын æй уæддæр скъахдзысгæм æмæ йæ аппардзыстæм! Пысылмон уæлмæрдты большевикæн бынат нæй. Мæн нæ фæнды уыцы лæгæн йæ ном дзурын дæр, кæд уæ, миййаг, искæимæ æмном у, уæд уæ цæмæн æф- хæрон, мæ хуртæ. — Ам æй куы баныгæнæм, уæд афтæ æнхъæлыс, дæуæн дзы бынат нал баззайдзæн? Ма тæрс, йскуы дæ нытътъысдзыстæм, — загъта йын ме ’фсымæр Алим. М^ард ингæны куы фæцæйæвæрдтой, уæд æм æз хæстæгдæр бацыдтæн, æмбæрзæныл схæцыдтæн æмæ Зайналабиды цæсгоммæ ныккастæн. Уыди мæйдар æх- сæв, чидæр мæ фарсмæ хæцыд фанарыл. Æз æргуы- быр кодтон æмæ мæ былтæ мæ фырты уазал ныхыл авæрдтон: — Æз дæ мæлæтæй цæуылнæ амæлын?.. Кæд уæлмæрдты кæуæн нæ уыд, уæддæр мæнæй фæстæмæ иууылдæр сбогъ-богъ кодтой. Æз фæтар- стæн, исчи нæ куы фехъуса æмæ нæ ныгæнын куынæ- уал бауадзой, — сусæгæй йæ ныгæдтам. «Уæлмæрдтæм цæуы, æгвдæуттæ халы», — дзырд- той ма уый фæстæ адæм. «Æз æгъдæуттæ • раджы фехæлдтон», — загътон уæд мæхинымæр, фæлæ хъæр никæмæн ницы скодтон. «Йæ фырты фæндагыл фыд дæр ацыди», — цингæн- гæйæ дзырдтой Аксайы хъæздгуытæ сæхи æхсæн. Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, мæ зæрдыл æрбалæу- уыд мæ сæрыхицауы фæдзæхст: «Мæ мард мын-иу б’аныгæн», зæгъгæ. • Фæлæ уымæн хъуыди булкъонæй бар райсын. Æз 220
мæхи ныффидар кодтон æмæ штабмæ ацыдтæн. Иыр ын йæ мард -кæм агуырдтаин, уыи дæр нæ зыдтон. Булкъон мын ныгæныны бар радта, уымæн æмæ мæхи æндæр мыггагæй схуыдтон. — Дæ мыггаг Батыр-Мурзаева куы уаид, уæд дæ мæхæдæг ацы ран ныггæрях ласин, — запьта булкъон æмæ йæ къух йæ дамбацайыл авæрдта. Штабæй рацыдгæн æмæ цы кодтаин, мæ мардкæм агуырдтаин, уымæн мæхæдæг дæр пицы зыдтои. Афтæ æнхъæл уыдтæн æмæ йæ нал ссардзынæп. Фæлæ уа- лынмæ æфсæнв’æндаджы раз, обауыл, ауыдтон, йе ’рцахсты размæ цы цъындатæ скодта, уыдонæй иу. Райдыдтам обау къахын. Иу ингæны разынди аст марды. Се ’ппæт дæр уы- дысты бæгънæг. Зайналабиды фыды, йæ фарсыл цы нос уыди, уымæй базыдтон. Уыцы æхсæв æй йæ фыр- тимæ иу ингæны нывæрдтам. Сырх Æфсад Аксай куы бацахстой, уæд мæ æф- сæддонтæ бацагуырдтой. Хъæуы уынгты цыдысты æмæ фарстой: — Батыр-Мурзаевы мад ам цæры? Йе ’мбæлттæ мæм фондзæй æрбацыдысты, тыпг фæодаст кодтой мæ хъыгыл. — Мах ын йæ маст райсдзысгæм, — ард хордтой уыдон. Уыцы лæппутæй иу дæр пысылмон нæ уыд. Ахæм уыди, гъе мæ фырт, — æмгарджын. Йе ’мбæлттæм кæсгæйæ, мæ фæрстæ куыд нæ фе- хæлдысты, афонмæ уый дæр семæ уаид, зæгъгæ. О, мæ хъæбул, Зайналабид, дæ цæрайы тыххæй æз мæлæтыл бæргæ сразы уыдаин!..
Бахшиев Миши ШЕКЕР Стыр сыфтæрджын тар хъæд йæ аууон цы чысыл хъæуы бакодта, уый сæрмæ, рæгъæд апельсины лыг- гаджы хуызæн, мæй ауыгъдæй лæууы. Уыдис сæрды- гон хъарм изæртæй иу. — Цæй диссаджы изæр у! — цæхæртæ калгæ стъалытæ æмæ мæймæ скæсгæйæ, сдзырдта Азиз. — Раст нæ зæгъын, Шекер? Æнгуз бæласæй сыфтæр ратыдта æмæ йæм мид- былты бахудт Азиз. — Æцæг у ацы аз хорз фæззæг, — чызгмæ бакæс- гæйæ, загъта Шекер дæр. Сæ кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ, сæ амондыл цингæнгæйæ, хъæды къахвæндагыл сабыргай цыдысты. — Нæ чындзæхсæвæн хорз афон снысан кодтам, раст нæ зæгъын? — бафарста Азиз. Шекер ницы сдзырдта. Уыцы минут уый хъуыды кодта, райсом йæ царды мидæг цы диссаджы ивддзи- над æрцæудзæн, ууыл. Шекер йæхимæ стыр амонд- джын каст, зæрдиагæй кæй уарзы, уыцы адæймагмæ моймæ кæй цæуы, уый тыххæй. Ныр мæнæ ис йæ фарс- мæ æмæ фырцинæй тыхсæгау кæны. Дыккаг бон æгас хъæуыл айхъуысти фæндыры »цагъд æмæ барабанты хъæр. Адæм зарыдысты, кафы-„ 222
дысты, райгонд уыдысты. Шекер дæр, йæ сыхаг чыз- джыты астæу бадгæйæ, хъæлдзæгæй хъуыста сæ алы- хуызои хъазæи ныхæстæм. Æмæ иæм афтæ каст, цыма йын иудадзыгдæр ахæм амондджын бон уыдзæн... Уыцы хъуыдытимæ иæ къах бавæрдта’ йæ лæджы хæ- дзармæ. Ахæм зæрдæйы ахаст æм уыд йæ ног чындзы фыц- цаг бонты дæр. Азиз æм фыццагау рæвдаугæ дзырд- та, æнкъард кæнын æй нæ уагъта. йæ мад Ханум дæр нырма афтæ зæронд нæу, хъаруджын сылгоймаг у, хæдзары куыстыты йæхæдæг архайы. йæ чындзæн бафæдзæхста æрмæст æхсæвæр цæттæ кæнын. Азизы зæрдæмæ Шекеры къухæй рард хойраг ты’нг цыд. Алы хатт дæр-иу йæ тракторæй куы рахызт æмæ быдырæй сæхимæ куы æрбацыд, уæд-иу стъолыл æрбаййæфта сæнæфсиры сыфты мидæг тыхт хъарм голубцитæ. Ахъаззаджы хæринаггæнæг дæ!.. — Азиз-иу æппæ- лын систа йæ къайæ, æмæ та-иу сын хъæлдзæг ныхас бап-айдагъ. Афтæ ацардысты, цалынмæ Шекерæн колхозы прав- лени ды фæлладуадзæн бонтæ радта, уыдон фесты, уæдмæ. Иу рæстæджы хуыты фермæйæ иу лæппу, лæф- лæфгæнгæ, æрбахæццæ. — Шекер, дзæргъытæ зайынц æмæ дæм Залман дзуры.—Чындз уайтагъд йæхи рæвдз кæнынмæ фæци. йе ’фсин Ханум дæр æм йæ цæстызулæй кæсы... Изæры Шекер сæхимæ тагъддæр æрбаздæхти, цæ- м.æй йæ лæджы æрбацыдмæ æхсæвæр сцæттæ кæна, уый тыххæй. Иæ дарæс раивта, йæ къухтæ цæхсадта æмæ дзидза ссынмæ февнæлдта. — Ныууадз! — фæтъæнг ласта æфсин. — Мæхæ- дæг скæндзынæн. — Цæмæн? — дисхуызæй аф-арста Шекер. Ханум хинæйдзаг худт бакодта: — Кæннод æй дæхæдæг не ’мбарыс... Дæ къухтæ хуытæй чъизи сты. — Цытæ дзурыс, нана, мæ къухтæ дыууæ хат- ты тынг хорз куы ныхсадтон, — сабырæй сдзырдта Шекер. — Уымæн донæй æхсæн нæй, нæ дæ уадзын!.. — йæ хъæлæсыдзаг та фæхъæр ласта Ханум. 223
Шекер сагъдауæй аззади æмæ афæлурс, йæ цъæх цæстытæ аумæл сты. Р'1æ кæуын тыххæй уромгæйæ, кæртмæ рахызт. «Фесты, уæдæ, мæ хъæлдзæг царды бонтæ», — ахъуыды кодта уый. Æдде уыдис хæрзталынг. Хæдзары раз цы чысыл цæхæрадон уыд, уыцы ран, фæткъуы бæласыл банцой кæнгæйæ, Шекер сагъæсты аныгъуылд æмæ йæ зæр- дыл æрлæууыд, фæскомцæдисы сидтмæ гæсгæ бархи- йæ куыд ацыд, колхозы зыбыты иунæгæй цы уырыс- саг чызг зылди хуытæм — Мария Ломакипа, уымæн æххуыс кæнынмæ. Цы алывыдтæ йын фæкалд- та йæ мад Гюльпери: — Фæхудинаг иæ кæндзынæ, фæтæригъæдджын уыдзыстæм, ничиуал дæ ракурдзæн!.. Мад куыдта, йæ зæрдæйæ хъæрзыдта, фæлæ фæс- тагмæ куы бамбæрста, нæ ныллæудзæн, уый, уæд ын загъта: — Цæугæ, кæд дæ фæнды, уæд, æрмæст дын ам бы- нат нæй, цæр уым хуытимæ. Фæлæ Гюльперийæн йæ иунæг чызгмæ йæ маст би- рæ на ахаста, куы базыдта, хъуыддæгтæ фермæпы хорз цæуынц, стæй ма сæ хъæуккаг æртæ чызджы дæр уым кæй кусынц, Шекеры та Ломакинæйы бæсты кæй сæвæрдтой, уый, уæд басабыр, йæхæдæг дæр-иу бауад йæ чызджы абæрæг кæнынмæ. Фæсталмæ бамбæрста, хуытæ дарын стыр пайда кæй хæссы колхозæн, уый. æмæ дзы бынтондæр ферох сты йæ мæстытæ. Ноджы йæ чызджы^ къам кады фæйнæгыл федта æмæ йæхи- цæ,й тынг ныббузныг. Æппæты разæй фермæйы кусын куыдæй райдыдта, уыдæттæ æрымысгæйæ, нал æрхъуыды кодта, йæ лæг кæртыл хæдзармæ куыд бахызт, уый дæр. — Шекер кæм и, нана? — бафарста Азиз йæ мады, йæ кусæн дарæс ивгæйæ. — Мæ хæдзары ахæм чындз уыныны бæсты сау- гуырм куы бауид дæ мад, йе та дзыхъмард куы фæ- уид! —ныккалдта йыл Ханум. — Цы хабар у, нана? — Мæ цæст уынгæйæ, æз нæ фыдæлты æгъдæуттæ |цъыфы тулын нæ бауадздзынæн! Нæ! — Ханум скуыдта. ^1
— Нæ дæ æмбарыи’. Бæстондæр-ма зæгъ, цы ха- бар*у? Мад куы радзырдта, Шекеры фермæмæ куыд акод- той, фæстæмæ куыд æрбаздæхт æмæ æхсæвæр цæттæ кæнынмæ куыд хъавыд уый, уæд Азиз загъта: — 'Æз уым æвзæрдзинадæй ницы уынын. Фыртæ’й ахæм сабыр дзуапп фехъусгæйæ, Ханум тынгдæр рафыхти: — Кæс-ма амæ дæр! Йæ мадмæ цытæ уæнды! Чи йæ схъомыл кодта æмæ йæ адæмы рæнхъмæ чи ракод- та, уымæ’! Фæлтау ссæдз азы размæ, дæ фыд куы амард, уæд æз дæр куы амардаин! Азиз тынг фæтæригъæд кодта йæ ныййарæгæн. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ ныхæстæ, ссæдз азы раз- мæ йын къæрныхтæ хъæды йæ фыды куыд фехстой æмæ æрыгонæй идæдзæй куыд баззад, уьгй. Фадат ын уыд моймæ ацæуынæн, йæ цард ногæй саразынæн. Фæ- лæ ахæм зондыл ныххæцыны бæсты йе ’ппæт тых æмæ хъару нывондæн æрхаста йæ хъæбулы схъомыл кæ- нынæн. Фырт дæр йæ меды фылдæрæй-фылдæр уарзта. — Нана, — сабыр хъæлæсæй сдзырдта Азиз, — куыд адджын мын дæ, уый зоныс? Гъемæ ма мæм чысыл ба’йхъус... Куыд дæ фæнды? — Цы хъуамæ фæнда мады йæ хъæбулæн, хорздзи- над йедтæмæ? — фæфæлмæндæр Ханум. — Шекерæн зæгъ. Ницы хъуыддаг æй ис фермæйы. Æнæ уьгй куыс- тæй дæр фæцæрдзыстæм. — Æмæ афтæ гæнæн нæй, нана. — Фæлæ æгъдæуттæ халæн ис? — фемæхсти та Ханум. — Мæ зынаргъ мад, адæм раджы ферох кодтой зæронд æгъдæуттæ, ды та ма сыл фидар хæцыс. Ханум нæ састи, загъд кодта, йæ фырты æл- гъыста. • — Дæ ус дæм куы нæ хъуса, уæд ды лæг дæр нæ дæ, — фæмæсты мад. Шекер фехъуыста уыцы ныхæстæ, мидæмæ куы фæцæйцыди, уæд. — Цæй, æгъгъæд фод, нана! — йæхи нал баурæд- та Азиз. Уый æнхъæл никуы уыд, æмæ йæм йæ мади- 15 Дагъистайнаг зæриигуырдтæ 225
мæ ахæм хъуыддаджы тыххæй быцæу-ныхас рауай-. дзæн. «Ау, куы йæ зыдта, Шекер фермæйы кæй кусы, уый, — хъуыды кодта Азиз, — уæд чындзæхсæвы агъоммæ цæуылнæ исты дзырдта?» Æксæв-бонмæ Азиз нæ бафынæй. Шекер дæр йæ цæстытæ кæрæдзиуыл не ’рæвæрдта. Алчидæр сæ æнæ дзургæйæ, сагъæсты аныгъуылд. Азизы нæ фæндыди йæ усы бафхæрын, уый тыххæй æмæ йæ бирæ уарзта. йæ мады хъыджы бацæуын дæр ын зын уыд. Цы ба- чындæуа? йæ зæрдыл æрбалæууыди иу рагон æмбисонд: «Хæрдмæ ту кæнгæйæ, дæ рихитыл ту кæныс, дæлæмæ ту кæнай — дæ боцъойыл ту кæныс». — Цæуыл хъуыдытæ кодтай дысонтбонмæ? — ба- ■ фарста Шекер, сæумæрайсом сæ куыстмæ куы фæцæй- цыдысты, уæд. Азиз æфсæрмхуызæй бакаст йæ усмæ: — Шекер, ды, æвæццæгæн, фехъуыстай, нанаимæ нæм цы ныхас уыд, уый? Шекер ницы сдзырдта. — Нæ мæ фæнды мæ мады зæрдæхудты бацæуын. Бамбар мæ ды, Шекер. Уæд та ныууадзис дæ куыст? Æнæ дæ мызд дæр афтæ тыхст куы >не ’стæм. , — Кæд хъуыддаг æрмæст мызды тыххæй у, уæд мæ бон у йæ ныууадзын дæр. Фæлæ... — НыууаДз, — Азиз ын йæ ныхас фæурæдта, — зонын æй, цы зæгъынмæ хъавыс, уый. Шекер ба’мбæрста, дарддæры ныхмæлæуддзинадæй се ’хсæн хъаугъа кæй рауайдзæн, уый æмæ йæхиуыл фæхæцыд. «Цы хъуамæ зæгъой адæм? — ахъуыды кодта Шекер. — Нырма ницы’ а’цардыеты, афтæмæй се ’хсæн быцæу рауад». Уьщы минут бамбæрста, цы цæс- тæй йæм ракæсдзысты йе ’мбæлттæ, фермæйæ куы рацæуа, уæд. — Фен’дзынæн, Азиз, — йæхи тыххъæлдзæг , дар- гæйæ, загъта Шекер. Уæдмæ фермæмæ хæстæг хъæды æрдузмæ бахæццæ сты. — Цæугæ, фæстаг бон-ма бакус. Æппæт дæр хорз уыдзæн. Иннæ изæртæй раздæр, æрбаздæхт Азиз быдырæй. 226
Шекер сæхиодæ нæма уыд. Фырт та мадæн æхсызгон хабар фехъусын кæнынмæ æрбатындзыдта. — Раст дын сызгъæрин чындз ис, нана, — загъта Азиз. — Дæ зæрдæхудты бацæуыны бæсты уадзы йæ куыст. Мад фыццагау æрæнцад. Цины улæфт ныккодта, къæбицæй дзидза радавта, дыргъдонæй сæнæфсиры • сыфтæ æрбахаста. — Акæнæд дын дæ уарзон хæринаг, — загъта Ханум. Згъордтой бонтæ. Сæумæрайсом-иу ацыд Азиз бы- дырмæ, изæр-иу æнафоны æрбаздæхт. Шекер бон- изæр’имæ бадт хæдзары, каст чингуытæ, газеттæ, хъуыс- та радиомæ, хаттæй-хатт-иу ’цæхæрадоны дæр цыдæр- тæ архаидта. Фæлæ йæ куыст кæй ныууагъта, уыцы хъуыды йæ æнцад нæ уагъта. Æдзух мысыд йе ’мбал чызджыты, Динар æмæ Розæйы, чысыл фиййау Даву- ды. «Уæд та мæм сæ исчи куы æрбауаид», — хъуыды кодта Шекер. ^мæ йæм æцæгдæр фæзындысты. Уый уыдис, æгас зылды дæр тыхджын къæвдатæ куы цыди, иу ахæм фыдбоны. Азизмæ МТСнмæ фæдзырдтой, Ханум та сыхаг хъæуы йæ хомæ уазæгуаты уыд. Шеке- рæн тынг æхсызгон уыд йе ’мбæлтты фенд. Фæлæ чыз- джытæ цæуылдæр æнкъард уыдысты. — Исты æвзæр хабар æрцыд? — афарста сæ Ше- кер. — Цæмæн афтæ æнкъард стут? — Хорз хабар дæм не ’рбахастам, Шекер,—зæгъы Розæ. — Газеты дыл ныффыстой, фæскомцæдисы æм- бырды дыл дзырдтай. Шекеры зæрдыл æрбалæууыд, æрæджы секретари- мæ цы ныхае кодтой, уый. «Дæхиуыл æрхуд, Ше- кер, — дзырдта йын Максуд. — Нæ чызджытæй фыц- цагдæр зæронд æгъдæутты ныхмæ чи æрлæууыд, ком- сомолы сидтмæ гæсгæ хорз хъуыддагыл чи ныххæцыд, уыдоны раззагдæр ды дæ. Дæ фæдыл бирæ сылгой- мæгтæ бацыд. Дæ куыст м,а ныууадз». — Раст нæ бакодтон, — загъта Шекер, лæмæгъ- зæрдæ разындтæн. Æмбæлттæ æмхуызонæй ба^кастысты æрыгон сыл- гоимаджы кæуынхуыз цæстытæм, æмæ сæ фæндыд, йæ. зын уавæры йын исты æххуыс цæмæй фæуой, уый. / 227
* * Хуссар-Дагъистаны зымæг уыдис хъарм æмæ сур. Фермæйы алыварс сæрвæтты уыд фаг хорз хизæнтæ. Хуытæмзилæг чызджытæ рæгъау быдырмæ куы бахæц- цæ кодтой, уæд чысыл æрдузы сæ фæллад уагътой. Уалынмæ хъæдрæбынæй Шекер æрбазынд. йæ сæ- рыл — тинтычъи кæлмæрзæн, йæ уæлæ — цыбыр хъæдабæ палто. — Кæсут-ма, кæсут, уæртæ чи æрбацæуы! — фæ- хъæр ласта Розæ. Чызджытæ йæ размæ азгъррдтои æмæ кæрæдзиуыл цинтæ байдыдтай. — Абæрæг кæнынмæ нæм æрбауадтæ? — Нæ,; кусынмæ. Уьщы бонæй фæстæмæ Шекер фер(мæйы баззад. Уым йæ чындзы ацыды фæстæ цы сынтæг райхæлдтой, уый чызджытæ уатмæ бахастой. ч Куыстæй уæгъд рæстæджы Шекер чингуытæ, брошю- рæтæ касти хуытæдарыны хъуыдХаджы фæдыл, йæ зæрды уыд изæрыгон астæуыккаг скъоламæ бацæуын дæр. Кæд цыфæцды æнæвдæлон уыд, уæддæр йæ сæ- рæй нæ цух кодта йæ лæг, стæй йæ цард афтæ кæй рауад, уыцы хъуыды. Æрыгон сылгоймагæн-иу арæх йæ цæстытыл уади Азизы сурæт: бæрзонд, фæтæнриу, гуырымыхъгомау цæсгом, йæ тыхдЖын къабæзтæ, йæ къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ. Хатгай-иу æм афтæ дæр каст, цыма уый зараг хъæлæс йæ хъустыл уайы. Æицад нæ уыдис Азизы зæрдæ дæр. йæ сæры ка- дæн стыр æфхæрдыл нымадта, йæ ус кæй ацыд, уый. Тынг смæсты йæ мадмæ дæр: «Уый тæргæйттæ куы нæ уыдаиккой, уæд дзы ацы бæллæхтæ не ’рцыдаид». Иухатт ын зæгъгæ дæр кодта: — Ды мын фехæлдтайг нана, <мæ цард. О, о! Кæд дæ цыфæнды уарзт кæнын, уæддæр дын уьгй зæгъын мæ бон у. — Афтæ у, уæдæ! — рафыхт Ханум. Ницæмæн мæ хъæуы дæ уарзт. Цу, кæд дæ фæнды, уæд цæр Дæ хуы- гæсимæ. 228
Азиз рараст, фермæмæ нæ, фæлæ МТС-мæ. Арæхст- джын слееыр канд йæхи трактор нæ цалпæг кодта, уый æххуыс уыд йе ’ппæт æмбæлттæн дæр. Азиз царди æмдзæрæны. йе ’ннæ æмгæрттæй уæлдай^ хæлардæр уыди Иван Захаркинимæ. Æгас бон-иу Азизы куыстæй не ’вдæлдй, изæр та-иу æй йæ уæззау сагъæстæй æм- бæлттæ ирхæфстой. Æхсæв^иу йæ цардыл хъуыдытæ ’ байдыдта, йæхинымæр йæ мады азымджын кодта, раст æм нæ каст Шекер дæр. ХуыссГæг-иу æй нæ ахста, рафт-бафт-иу систа. Иухатт дзы, Захаркины цур арф ныуулæфгæйæ, цавæрдæр æлгъыст сирвæзт... — Азиз, цьгма цæуылдæр тыхсыс, афтæ мæм кæ- сы, — загъта Иван. — Чи зоны, дæ хæларæн æй бам- барын кæнай? Азиз нал фæлæууыд æмæ æппæт дæр радзырдта йæ лымæнæи. — Мæнмæ гæсгæ, дæу бацæуын хъæуы дæ биной- пагмæ, — бауынаффæ йын кодта уый. Азиз не .’сразы: — Бафхæрдта мæ.... — 0, фæлæ уый аххосджын нæу, — дзуапп радта Захаркин. — Ахъуыды кæндзынæн... Трактортæ цалцæггонд куы фесты, уæд Азиз сæ хæдзархмæ ацыд. Зъимæг дæр аивгъуыдта, æмæ хуым- гæнæнтæ ралæууыдысты. Азиз гутон кæнын райдыдта хъæдрæбын, хуыты ’фермæмæ хæстæг зæххытæ. Уый йæ цæст хаста, кæд аивæй фермæйы кусджытæй искæй фенид, зæгъгæ. Æмбисбонмæ æввахс ^ауыдта хуыты дзуг, сæ фæдыл та — урсзачъеджын. — Али-Осман-Халу! Уый ды куы дæ! Дæ бон хорз! Трактористы дзурынмæ зæронд лæг фæстæмæ фæ- каст æмæ йæм хъазæгау дзуры: — О, æгъдæуттыл хæцæг!.. Иæ ныхас Азизæн хъыггомау уыд, фæлæ йæм ницы суæндыд, уымæй йæм диссагдæр фæкаст: дæс æмæ æр- тиссæдзаздзыд, æмæ хуытимæ архайы. — Цы ми кæныс, зæронд? — Нæ мæ уыныс, хуытæ~ хизын. — Æдæг? — фæрсы та Азиз. — Цы кæныс,' лæппу? — дзуапп радта уый. — 229
Дæхи цæстытыл нал æууæндыс? Æз ныр дыккаг мæй куы кусын хуыты фермæйы. — Æмæ дин, æгъдæуттæ та? Афтæмæй дæм хуы- цау нæ фæхæрам уыдзæн? — къахæгау æм дзуры Азиз. Али-Осман кæрдæгыл æрбадт -шæ зæгъы: — Мæ хуры чысыл, æз ныр дæс æмæ æртиссæдз азы хъускн дины, æгъдæутты, дины закъонты тыххæй, хуыцауы тыххæй дæр дæуæй къаддæр нæ зонын. Æмæ нæдæр сæ иу, нæдæр се ’ннæ дарынц мах, фæлæ — фæллой. Ды дæ тракторæй хуым куынæ бакæнай, уæд хор æрзайдзæн? — Раст зæгъыс, мæ фыды хай, не ’раайдзæн. — Афтæ, гъе, уæдæ, мæ хъæбул, хуыцау дæр йæхи- цæн хуьгцау уæд, фæлæ кусын хъæуы. Ды мын мæ хуы- тæм кæсыс! Гъемæ цы, хæргæ мæ акæндзысты? Уадз æмæ хизой, уадз æмæ фылдæр кæной, сæ пайда бирæ уыдзæн нæ колхозæн. Сæ чындзæхсæвы размæйы изæрау та уыд фæззы- гон хъарм изæр... Мæй дæр уæдау сæ сæрмæ райдзас- тæй ныккаст. Æрмæст ныр уыд тьимбылдæр, сызгъæри- ны къорийы хуызæн. Хъæд уыди бынтон сабыр: иунæг сыфтæры змæлын дæр никуьщæй хъуыст. Дыу- уæ адæймаджы цыдысты къахвæндагыл фермæйæ хъæумæ. — Мæсты ма мæм кæныс, Шекер? — хъæлдзæгæй афарста Азиз йæ усы. — Нал, — дзуапп радта Шекер. — Æз æй зыдтон, æрбацæудзынар, уый.
Гаджиев Меджид ДИССАДЖЫ УАДЫНДЗ Адæмон таурæгътæм гæсгæ Мæ фыдыфыд фæцард нæуæдз азы. Афтæ-иу дзырдта: куы райгуырд’тæн, уæдæй абонмæ фиййау фæцыдтæн æмæ мæ амæлæты бонмæ дæр фиййау уы- дзынæн. Фæлæ, мæгуыр, йæ хъуыддаг афтæ нæ рауад: раст йæ мæлæтæй афæдз раздæр фиййауы’ лæдзæг æнæуи лæдзæгæй раивта: саугуырм баци. Цал æмæ цал уадындзы нын скодта дада хъæзæй, стæй уæд уадындзæй цæгъдынмæ куыд дæсны уыд! Йæ разæй никæйы ауагътаад. Уадындзæй-иу куы ныз- зарыд, уæд-иу фос сæ хизын ныууагътой æмæ-иу йæ алыварс æрбамбырд сты: бауырнæд уæ, гæды ныхас уын нæ зæгъдзынæн. Сауцъиутæ-иу йæ сæрмæ мама- зила систой, цæуджытæ-иу æрлæууыдысты, барæг-иу йæ бæх аерурæдта. Ныр дæр >ма йæ арæх фæдзурынц, дада, даод, иухатт бекимæ схæснаг кодта: йæ уадындзы зардæй фысты донмæ ахæццæ кæндзæн æмæ сæ фæстæмæ дæр ракæн- дзæн, зæгъгæ. Хæснаг куы рамбылдтаид, уæд ын хъуа- мæ бек дыууиссæдз фысы радтаид, на-мæ хъуамæ уæд дыууæ азы æлдарæн лæвар фæкуыстаид. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæснаг дада рамбылдта! Ахæм саг лæг уыди, гъе, дада! Æз-ма йæ хорз хъуыды кæнын. Бады дада суадоны раз цъæх нæууыл, йæ лæдзæг 231
йæ къухы, афтæмæй. Йæ уарзон куыдз Ругæ та — йæ къæхты цур. Куыдз дæр йæ хицауы хуызæн — зæронд. Йæ лакъон цæстытæй æнкъардæй, æнæрныкъулгæйæ дзæвгар рæстæг кæсы йæ хицаумæ. Зæронд æй кæднæ уыны, уæддæр æмбары, Ругæ йæ цуры кæй ис, уый. — Ругæ, мæ бон, куыдтæ мын цæ^ыс? — фæзæгъы дада, æмæ йæ цæсгом барухс вæййы! Куыдз дæр, мæгуыр, йæ сæр дадайы къухтыл æрæ- вæры. Æвæдза, æрдзмæ хъулон митæ бирæ ис, хатгай йæ ’хорзæхæй фæцух кæны, бирæ йæ чи уарзы, ахæм адæй- маджы дæр. Æгæр бафхæрдта зæронды. Дунейы рух- сæй дадайы æнæхай цæмæн фæкодта? Дунейы рухс ыл цы бон батар, уыцы бонæй нырмæ дада уадындз йæ къухмæ нал райста. Æмæ никæйы зæрдæ куымдта, уадындзæй ма нын ацæгъд, зæгъгæ, дадайæн зæгъын. Афтæмæй та уæвгæ тынг бæллыдыс- тæм, йæ цагъд ма йын иу хатт уæддæр куы фехъуыс- таиккам, зæгъгæ. — Ругæ, мæ бон, æнхъæлдæн, æмæ нæ~чидæр абæ- рæг кодта, и? — афарста дада, нæ къæхты хъæр ай- хъусгæйæ. Куыдз ныл йæ дæст лæмбынæг ахаста. — Дæ бон хорз, дада! — салам радтам зæрондæн. Дада нæ уайтагъд базыдта æмæ йыл цыма стыр хорз æрцыд, афтæ ныл бацин кодта æмæ нæ фæрсты- тæ байдыдта хабæрттæй. Мах та нæхиньгмæр тыхстыс- тæм, ома дадайæн куыд балæгъстæ кæнæм, цæмæй нын уадындзæй азара, уыи тыххæй, зæгъгæ’. Дада аф- тæ бирæ хуымæтæджы нæ фæцард: куырмæй дæр нын нæ хъуыдытæ рахатыдта. — Нæ зонын, мæ хъæбул, дæ дыккаг æрбацыдмæ ма* фæцæрон? Гæнæн нæй, рахæсс уадындз. Уадындз уыди сæрак агыуды æвæрд. Агъуд раджы баихсыд, ныггæмæх. Уадындз дæр дыууæ раны афаз æмæ у хуыйæндагæй баст. Кæдæй нырмæ нал уыди ныр йæ хицауьгкъухы! — Ме ’взонджы бонтæ, мæ цины гуырæн... — загъ- та къæмдзæстыгхуызæй зæронд. — Лæг æгомыг дур дæр сдзурын кæндзæн, иæ риуы æцæг зæрдæ куы уа, уæд. Байхъусут, дада уын цы радзурдзæн, уымæ. 232
Уыцы хабар æрцыди тынг ра’джы. Цардысты а зæх- хыл адæм. Нæ зыдтой, хæст цы у, уыи дæр æмæ, знаг цы у, уы»й дæр. Æрдзы хорзæхтæй хайджын уыдысты, царды фæрæзтæй сæ цы хъуыди, уыдон — сæ къухы. Фос хызтой, хуым кодтой æмæ æнусты дæргъы афтæ æнæмастæй цардысты. Æмæ уыцы зæххыл царди фий- йау, йæ ном — Юсиф. Саджы фисынтыл амад хæрз- уынд лæппу. Бæстыл йæ кад айхъуыст. Адæмы æхсæн ын уыдис стыр цыт, суанг ма æгомыг къæдзæхтæ дæр йæ коммæ кастысты. Алы аз дæр-иу схъомыл кодта бирæ фысвос æмæ- иу сæ адæмæн байуæрста. Уымæн та сæ æрдз йæхæ- дæг лæвæрдта. Юсифæн йæ тых уыди йæ уадындзы мидæг. Алы аз дæр-иу æм цъæх дæлвæзтæй, хъæздыг быдыртæй хæхты бæрзондмæ цыдысты адæм. Юсифы уадындз сьпьиу сæ зæрдæтæ барухс кодта, се ’уæнгты сын-иу пог хъарутæ бауагъта. Ахæм диссаджы кур- диат уыди Юсифмæ. Фæлæ дунейыл уыди æндæр зæххытæ дæр æмæ сыл царди æндæр адæмтæ. Уыдонæн фырхæлæгæй сæ цæе- ты фиутæ тадысты уьщы амондджын бæстæмæ кæс- гæйæ. Æмæ куыннæ! Нæ уыд Юсифы хуызæн гуырд. Уьщы бæстæйы хантæ æдзух кæрæдзимæ топпы кæ- сæнæй кастысты, æмæ уый тыххæй, сæ адæмы æхсæн хæлардзинад нæ уыд. Фæлæ се ’хсæн чысыл нæ уыдис ахæмтæ дæр, сæ зæрдæ Юсифыл чи дардта, фервæзын нæ кæндзæн, зæгъгæ^ Адæм домдтой, дзырдтой: «Хъуа- мæ мах дæр амондджын цардæй цæрæм, Юсифы бæс- тæйы куыд цæрынц, афтæ. Нал нæ фæнды тыхст, мæ- гуырæй бойтæ æрвитын!» Æжæ уæд уыцы бæстæйы сæргъы Ч’И лæууыд, уыдон сфæнд кодтай фæрнджын бæстæйæн йæ уарзон хъæбулы байсын. Уыцы хабар куы æрцыд, уæд Юсиф суадоны былыл пæууыл тарф фынæн уыд.Хæхтырдыгæй йæм æрбацæй- цыд сау æрдонг. Йæ куыдз Акбар бадти рындзыл æмæ фос хъахъхъæдта. Знæгты куы ауыдта, уæд уыциу згъорд суадонмæ акодта. Йæ хицауы раиваз-баивяз кæны, хъал æй кæны, фæлæ Юсиф афтæ тарф фынæй уыд, æмæ ницы бамбæрста. Уæд Акбар знæгтыл йæхи уыциу цæф нылласта. Кæмæн-иу йæ къахыл фæхæст, кæмæн йæ куырæт тындтытæ кодга. Уыдон хъаматæй 233
сæхи иргъæвтой, æмæ куыдзы ныххуынчъытæ кодтой. Акбар ма тьгххæй Юсифмæ ныиирвæзт. Юсиф ма уæддæр фынæй уыд. йæ мидфынмæ цæ- уылдæр бахудт. Чи зоны, æмæ уыцы сахат йæ цæсты- тыл уади йæ уарзон чызг рæсугъд Гури, цыма йын цыхт æмæ кæрдзын, стæй дурыны мидæг сырх сæн æрбахаста, афтæмæй. Кæд, чи зоны, йæ фыны уыдта, йæ рæсугъд Гурийæн уадындзæй зары, уый та йæм йæ сæр, лæппуйы уæхскыл æрæвæргæйæ, æмæ иæ сау цæстытæ æруадзгæйæ, куыд хъусы, чи зоны æмæ... ^ Акбар Юсифы раз æрхауд æмæ йын йæ ных ас- тæрдта. Юсиф йæ цæстытæй ракаст. — Цы кæныс, мæ хур? — тарстхуызæй афарста уый, куыдзы йæ туджы мæцгæ куы ауыдта, уæд. Акбар æнкъардхуызæй знæгтырдæм акаст. Фæстаг хатт ма фæсус рæйд скодта æмæ зæххыл æрхауд. Юси- фæн йæ зæрдæ фæцæйтыдта. Зæхмæ кæсгæйæ, сагъ- дауæй лæууыд. Стæй уæд ауыдта, æрæджы дæр ма Акбар цы рын- дзыл лæууьгд, уырдыгæй йын знæгтæ йæ фос кæй фес- къæрынц. Фæлæ ма Юсифæн уыд иу хæлар — йæ уа- дындз. Лæппу йæ риуыдзаг ныуулæфыд æмæ уадын- дзæй ныззарыд. Уый уыди диссаджы рæсугъд зард. Чи ссардзæн уыцы дисоаджы зæлтæ равдисынæй фаг ныхæстæ! Фæлтау æй уадындзæй ацæгъд, фæлæ уый хуызæн аив цæгъдын пичи базондзæн, дыккаг Юсиф зæ,ххыл нæма сæвзæрд. Фос ын йæцагъд куы айхъуыс- той, уæд æваст фæлæууыдысты, стæй фæзылдысты æмæ фæстээмæ ныххæррæтт кодтой, тыхгæнджыты сæ къæхты бын ссæндгæйæ. Ныр Юсиф цæгъды æнæбан- цайгæйæ. % Фыдызнæгтæ бамбæрстой, фос бауромын сæ къухы кæй ницыхуызыуал бафтдзæн æмæ мæстæй фыхтысты. Сау æлгъыст кодтой Юсифы дæр æмæ йæ уадындзы дæр, фæлæ сæ бон ницы бакæнын уыд, æмæ хъуыдытæ систой, куыд æй банца’йын кæнæм, зæгъгæ. Уæдмæ фос^Юсифы алыварс æртыхстысты. Ныр сæ сæ фиййауæй йичиуал байсдзæн. Тыхгæнджытæ, æндæр гæнæн сын куынæуал уыд, уæд Юсйфыл архъан баппæрстой æмæ йæ ахæр-хæр 234
кодтой. Фос сæхи йæ фæстæ акалдтои. Знæгтæ Юси- фы æнгуылдзтæ акъуырдтой, цæмæй уадындзæй цæгъ- дын йæ бон мауал уыдаид, уьгй тыххæй, стæй йæ сбас- той. йæ уадындз та йын хæххон доны ныппæрстой. Æллæх-æллæх, уæд цы æвирхъау фыдбон скодта!4 Арв æваст æрбаталынг и. Бæстæ базмæлыд, банкъуы- сьгд. Арв ныггæрах кодта, æмæ къæвда ныккалдта. Юсифыл йæ арвы хай куы куыдта, мæгуыр, уæд скуывта: «О, мæ райгуырæн зæхх, хуыцау мæ цавддур фестын кæнæд, цæйнæфæлтау дæуæй фæхицæн уон!» Æмæ* зæгъы, уайсахат цавддур фестад. Иннæ ахæ’м йæ фыстæ дæр... Иæ уадындз цы фæци, куы бафæрсат, уæд уыи та хæххон дон фурдмæ фæхаста æмæ уым кæсаг фестад. Уыны кæсаг доны былтыл хъæзы мыггаг байтыдта, æмæ абон дæр ^съæзы æхсæнæй Юсифы уадындзызард фæцæуы... Гъе, мæ хæдзæрттæ, ахæм таурæгъ баззад фыдæлтæй нырмæ. Уый фæстæ дада уадындз райста æмæ ныззарыд. Дæхи хъустæй йæ куы нæ фехъусай, уæд, йæ цагъд куыд рæсугъд уыди, уый ныхæстæй зын бамбарын кæнæн у. Цыма зарæг удæгас, базырджын уыд. Æваст-иу бæрзонд йæхи систа, мигътьгл-иу йæхи асæрфта, стйэй- иу кæрдæгыл фæлмæн йæхи æруагъта. Афтæ диссаг уыди дадайы зард. Диссаг уыди уьщы сахат дадайæн йæхимæ бакæсын дæр: хæрз æрыгон уыди.
Гусейнаев Абанара МÆЛДЗЫДЖЫТÆ Радзырдтæ сывæллæттæн Иу уалдзыгон хъарм бон фиййау Магомед хызта йæ фыстæ. Фос уæрæх сæрвæтыл апырх сты, Магомед та йæ лæдзæгыл æрæнцой кодта, афтæмæй мæлдзы- джыты губакмæ кæсгæйæ баззад. Рагæй дæр зындгонд у, мæлдзыг тыхджын кæй у, уый.,Уымæн йæ бон у, йæхицæй цалдæр хатты уæззау- дæр чи уа, ахæм уæргътæ хæссын. Мæлдзыджытæ сты тынг фæллойуарзон цæрæгойтæ. ^Мæнгæн нæ фæзæ- гъынц, мæлдзыджытæм цы фидар* æгъдæуттæ ис, ахæм æгъдæуттæ нæй иу «паддзахады» дæр, зæгъгæ. Магомед цымыдисæй касти уыцы æнахуыр чысыл фæллойгæнджытæм. Сæ хæдзар уыди зæххы мидæг, дуарвт бæсты та сын уыди иу чысыл хуынкъ. Бахи- зæны разæй фæйнæрдæм цыди дыууæ нарæг фæнда- джы, къæсæрыл та лæууыд цалдæр «хъахъхъæнæ- джы». Фæндæгтыл, иутæ мидæмæ, иннæтæ æддæ»мæ, аф- тæмæй æнæвдæлонхуызæй дыууæрдæмч ныххал сты мæлдзыджытæ. Хæдзармæ чи цыди, уыдон се ’ккæйтты хастой: чи — бындзы базыр, чи — чысыл уаллон, чи— нæмыджы къæртт. Кæд-иу мæлдзыгæн йæ уаргъ æгæр уæззау уыди, уæд-иу æй ныууагъта, дуары размæ-иу 236
бауад, афæстиат-иу. уым иуцасдæр рæстæг, цыма-иу «хъахъхъæнджытимæ» аныхас кодта, уыйау, æмæ-иу йæхицæн æмбал рахуыдта. Дыууæйæ-иу ацыдысты, йæ уаргъ кæм ныууагъта, уырдæм æмæ-иу æй кæнæ се ’ккойы акодтой, кæнæ та- иу æй сæ разæй æрбатылдтой хæдзармæ. Фæлæ-иу, æвæдза, мæлдзыджытæй исчи афтидæй æрбацыд, зæгъгæ, уæд-иу æй «хъахъхъæнджытæ» фæдуарæдде кодтой. Фиййау кæсгæйæ куыд нæ баззадаид ахæм æм- бисонды æгъдæуттæм! Æвæдза, бирæ диссæгтæ ис æрдзы мидæг! БÆХЫ ЦÆССЫГТÆ Иу сæрд бафтыдтæн лекъаг хъæумæ æмæ мын зæронд фиййау ракодта диссаджы хабар. — Иу фондз азы размæ карст хуымты хызтон кол- хозон фысфос, — йæ ныхас райдыдта зæронд лæг. — Мæнæй иу верст æддæдæр та хызти бæх йæ байраги- мæ. Хур аныгуылд. Алчи йæ фос йæ хæдзармæ баскъæрдта. Быдыры ,ма хизгæйæ баззадысты æрмæст бæх æмæ байраг. Уалынмæ кæцæйдæр февзæрдысты дыууæ стыр бирæгъы æмæ сæ алфамбылай зилын бай- дыдтой. Бирæгътæ куыдфæстæмæ сæхи хæстæгдæр ба- ластой æмæ мадмæ дыууæрдыгæй лæбурын байдыдтой. Уый дæр сæ, кæй зæвæтæй риуыгъта, кæй къахæй, афтæмæй йæ хъæбулы ирвæзын кодта. Уæд бирæгътæ дыууæ дихьГ фесты. Сæ иу бæхмæ разæй лæбурдта, иннæ та йæм фæстæты бацыд æмæ йе ’ккойы абадт. Мæгуыр бæхæн ма цы гæнæн уыдис, æррайау фæцие æмæ, бирæгъ йе ’ккойы, афтæмæй, хуыррыттытæгæн- гæ, тыгъд быдырмæ йæ ных сарæзта. Уæдмæ дыккаг бирæгъ йæхи байрагыл ныццавта. Æз хъæргæнгæ. разгъордтон бæхы размæ. Бирæгъ мæн куы ауыдта, уæд бæхы фæуагъта æмæ фæстæмæ ньиййарц, байраг æмæ ,йе ’мбалы кæм ныууагъта, уыр- дæм. Бæх куыддæр бирæгъæй феуæгъд, афтæ йæ хъус- тæ фæхъил кодта æмæ та фæстæмæ атахти, йæ хъæбу- 237
лы ирвæзын кæныимæ. Æз дæр азгъордтон йæ фæ- дыл. Хæстæг сæм куы бахæвдæ дæн, уæд тугдзых сырд- тæ лидзынмæ фесты, байрад’жы æрдæгкъабæзтæй фæ- уагътой, афтæмæй. Бæх сæргуыбыр, æнкъардæй лæу- уыди йæ мард хъæбулы раз æмæ ставд цæссыг згъæлд- та... Æз бæхы раз æрлæууыдтæн. Мæ зæрдæ æрбауын- гæг мæнæн дæр æм(æ ахъуыды кодтон: цымæ цæмæн цæрынц дунейыл тугдзых бирæгътæ? МÆНГАРД РУВАС Иу бон ме ’мбалимæ æрбацæйцыдыстæм Сумбатли- йы рæзты Вачийы хъæумæ. — Уалæ уьгцы айнæг къæдзæх куыд хуины, уый зоныс? — афарста мæ ме ’мбал. Хурыскæсæнырдыгæй къæдзæх йæхи бакъул кодта бæрзонд хохыл, хуссар, цæгат æмæ ныгуылæнырдыгæй та уыди цæхгæр лæ- бырдтæ. — Зонын, — загътон æз, — уый хуины Къассу. — Раст зæгъыс? Фæлæ уый тыххæй никуы ницы* фехъуыстай? ,— Нæ, ницы фехъуыстон. — Уæдæ дын æз ныртæккæ диссаджы хабар ра- кæндзынæн. Къассу кæуыл ныхæст у, уыцы хохыл кæддæр хыз- тысты фысвосы дзугтæ. Фиййæуттимæ уыди æхсæз хъæхъхъаг фиййау куыдзы. Иу бон куы уыдис, уæд уæтæрмæ æввахс фæзынди иу рувас. Куитæ йæ куы ауыдтой, уæд æй сæ разæй айстой. Рувасæн, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ сæр-йæ кой сси, æмæ йæ ных Къассуйы хохы’цъупмæ сарæзта. ,Мæнæ,-мæнæ йæ куитæ баййафдзысты, зæгъгæ, афтæ рувас йæ къæдзил фездыхта æ^мæ цыдæр æрбаци. Куи- тæ уæддæр йæ фæдыл згъордтой. — Æмæ уæд рувас та цы бади? — афарстон æй æз. — Рувасæн та хъуамæ цы уыдаид? Айнæджы был- мæ куы æрбацæйхæццæ кодта, уæд йæ сæпп фæурæд- та„ йæ къæдзил фæхъил кодта, цыма былæй агæпп 238
ласта, уьгйау, йæхæдæг иуварс фæзылди æмæ æнцад- æнцойæ. афардæг хæхтæм. Куитæ та уыциу растæй былæй атахтысты æмæ... дæ фыдгул — афтæ... Фыдæл- ты пыхасау, рувасæн йæ хинтæ йæ къæдзилы сты. КÆРЧЫТЫ ХАБАР Диссаджы ’адæймаг уыди нæ колхозы дыргъдар Магомед. Æппынæдзухдæр архайдта, раздæр мах зæххыл чи нæ зади, ахæм дыргъбæлæстæ æрзайын кæныныл. Уый тыххæй йæ колхозонтæ бирæ уарзтой. Иухатт та йæ цæхæрадоны къабузджын мæнæу æрзайын кодта. Фондз мæйы дæргъы фæцагуырдта, йæ зæрдæ кæ- мæ æхсайдта, ахаам ног мæнæуы мыггаг. Æрвитгæ та йын æй æркодта йæ зонгæ агроном Махачкалайæ. Магомед бон-сауизæрмæ семæ фæархайдта. Фыр- диссагæй ма сын цы акодтаид, уый нал зыдта: куы-иу сæ йæ къухмæрзæны атыхта, куы-иу сæ банкæйы æр- кодта, куы та — исты къоппы. Мæнæ махмæ лекъæгтæ куыд фæдзурынц, ома, дам,- «Ру’вас сомæрдæгимæ куыд скатай вæййы», афтæуыи дæр скатай семæ. Фæстагмæ йæ мæнæуы мыггæгтæ схуылыдз кодта æмæ сæ бамбæхста. Æртыккаг бон Магомед зæхх скъахта æмæ хæдзармæ бацыд йæ мæ- нæуы мыггæгтæм. Куыддæр тауынмæ бавнæлдта, афтæ йæм колхозы правленийæ æрбарвыстой, тагъд фæзын, зæгъгæ. Цы гæнæн ын уыдис æмæ Магомед мыггæгтæ йæ фондзаз- дзыд фыртыл афæдзæхста, ме ’рбацыдмæ сæм дæ цæст фæдар, зæгъгæ. Фыд куы фæаууон, уæд лæппуйæ мыггæгтæ æрбай- рох сты æмæ ацыд йе ’мбæлттимæ велосипедæй хъа- зынмæ. Магомед фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд къахт хуымы раз ауыдта, сæ сыхæгты кæрчытæ йын йæ мыг- гаджы’фæстаг нæмгуытæ куыд уыгътой, уый. Мæгуыр лæджы фырмæстæй скæуынмæ бирæ нал хъуыди. Цы гæнæн ма уыдис? Фæлæ æвиппайды #æ сæры февзæрди цавæрдæр хъуыды. Кæрчыты фæсте асырд- 239
та, иу дзы рацахста æмæ йыи йæ гуцъа асгæрстытæ кодта. «Мæнæ кæм февзæрди мæ бæллиццаг мæнæу»; — мæстæлгъæдæй ахъуыды кодта Магойед. . Ныр алы цæстыфæныкъуылд дæр зынаргъ уыди æмæ Магомед бауад, ацы æнæхайыры кæрчытæ кæй уыдысты, уыцы сыхаг усмæ. — Хадизæт, дæ кæрчытæ мын мæ мæнæуы мыггаг бахордтой. Тынг зынаргъ мыггаг уыди æмæ цыфæнды амалæй дæр хъуамæ мæ къухы бафта фæстæмæ. Кæд дæ кæрчытыл исты æрцæуа, уæд дын сæ бæсты мæхи кæрчытæ ратдзынæн. Разы дæ?" — Цы дæ фæнды, уый сын кæн! — загъта Хади- зæт. — Кæрчытæ йедтæмæ ма исты сты? Магомед, цингæнгæ, сæхимæ азгъордта, кæрчытæн сæ къæхтæ абаста æмæ сын сæ хъуырты дон уадзын байдыдта. Уый фæстæ сын сæ гуцъатæ лæмæрста, фæ- лæ алы каркæй дæр 2—3 нæмыгæй фылдæр не ’схауд. — 0-о...о, — ныккæрзыдта Магомед! — Куыд кæ- сын, афтæмæй сын апераци кæнын бахъæудзæн. Йе ’фсинмæ фæдзырдта, кæрчытыл-ма фæхæц, зæгъгæ, йæхæдæг сын сæ гуцъаты бумбулитæ тонын раидыдта. — Ныууадз, дæ хуыцауы тыххæй, сызгъæрин, мий- йаг, нæ аныхъуырдтой! — лæгъстæ кæнын ын рай- дыдта ус. ,— Тæригъæд сты мæгуыр кæрчытæ. — Сызгъæрин! — фæхъæр кодта Магомед. — Цæмæн мæ хъæуы мæн дæ сызгъæрин! Мæ мæнæу мæнæн сæдæ хатты зынаргъдæр у. Усы ныхæстæ ницæмæ æрдардта Магомед, фæлæ уатæй рахаста сæрдасæн, одеколоны авг, лыстæг су- дзин урс æндахимæ æмæ операдитæ кæнынмæ бав- нæлдта. Бумбулитæй сыгъдæггонд гуцъа донæй æрæхсад- та, сæрдасæн одеколонæй асæрфта æмæ æцæг хирур- гау карчы гуцъа æрчъепп ласта. Гуцъа равдæлон кодта мæнæуы нæмгуытæй æмæ та йæ фæстæмæ ба- хуыдта. Раст афтæ бакодта иннæ кæрчытæн дæр. Суанг изæрмæ кæрчытæ дæргъытæй фæлæууыдыстьь Сыс- тынмæ дзы-иу чи хъавыд, уый дæр-иу фæстæмæ афæл- 240
дæхт. Фæлæ дыккаг бон сс ’гасдæр бадзæбæх сты æмæ та разгъор-базгъор кодтой. Мæнæуы мыггаг Магомед уыцы бон байтыдта. Тауинаг уайтагъд йæхиуыл схæцыд, гъестæй æфсир акалдта. Йæ кæрдынмæ ма иу-æртæ боны хъуыдаид, афтæ хъæумæ æрцыд, Магомедæн мыггæгтæ чи æрбарвыс- та, уыцы агроном. Мæнæу йæ зæрдæмæ тынг фæцыди æ.мæ хъазгæйæ афтæ зæгъы: — Цæ’мæй мæнæу хорз æрзайа, уый тыххæй йын, æвæццæгæн, йæ мыггаг карчы гуцъайы адарын хъæуы. Магомед ныххудти. — Нæ, нæ, æнæ уымæй дæр ницы кæны, фæлæ бахъуыды заман дæхи æруадз, уый дæр хорз нæу. 1<) Дагънстайнаг зæрингуырдтæ
Зульфукаров Зулъфукар ÆЗ ГÆДЫЛÆГ КУЫД СДÆН Стдæс сахаты мæ фæцагъта уæзласæн машинæ. Ба- хæццæ дæн бынатмæ, бацыдтæн фæскомцæдисы рай- коммæ аамæ куыд вæййы, афтæ сын мæхи бацамыдтон, стæй сын æнæуæлдай ныхасæй загътон: — Сымахмæ фесгуыхти хъугдуцæг Кажурдинова. Ныффыссын ыл хъæуы. Секретарь телефон йæхимæ æрбахæстæгдæр кодта: ’ — Фæдзурдзыстæм æм. Тæккæ абон ам уыдзæн. — Нæ, нæ. Мæхæдæг æм ауайдзынæн... Дард ис? Секретарь ипструктормæ бакаст, хин худт бакодта: — Дæс километры. Хæстæг у? — Ницы кæны, бацæудзынæн æм. — Фæндаг нæ зоныс. Мæнæ дæ нæ инструктор Ка- мал бахæццæ кæндзæн. Районы центр фæсте аззади. Камал цыди, фæстæ- мæ нæ кæсгæйæ. Куыд дарддæр цыдыстæм, афтæ тын- гæй-тынгдæр æмбæрстон, секретары бахудт цы амыд- та, уый. 0, уый дзæгъæлы нæ худти... Къулаив къахвæндаг калмау алырдæм фæзил- фæзил кодта Анкада-доны былты. Дыууæрдыгæй фарс ,арвмæ фæцыдысты егъау хæхты тархъæд къултæ. Хуры судзгæ тынтæй æхсыст цъæх арв йæхимидæг змæлыди зына-нæзына уылæнтæй. Мæ алфамбылай æппæт дæр уыд æнахуыр рæсугъд. 242
Фæлæ æз мæхи æрдзмæ фæлгæсынæй рæвдауыныл пæ уыдтæн. Къахвæидагæй иуварс фæкæсын дæр нæуæн- дыдтæн. Фæндаг уыди тæссаг: дæ къахы бын дæ дур- цы минут фæсайдзæи æмæ ихджын дон Анкадайы дæ цæлхъ кæд ссæудзæн, уый зын зæгъæн уыд. Къахвæн- даджы кæм уæлхохæй згъорæг саха-дон бахордта æмæ дзы фаллаг фарсмæ арæхсгæ багæпп кæнын хъуыди, кæм фæндаг къуллæбырдæй фехæлд, æмæ йыл быргæ æмæ цудтытæгæнгæ хизын хъуыди, хохы фахсмæ хи æлхъивгæйæ, кæм та, къухтæ фæйнæрдæм айтындз- гæйæ, иунæг тымбылхъæд «хидыл» арæхстгай ахи- зын хъуыди. Æмæ канд уыдон нæ: фæндаг баст уыди ноджыдæр иу мин алыхуызон æндæр зын æмæ тæссаг бынæттимæ. Нæ, æрдзы диссаджы рæсугъддзинæдтæм кæсыныл нæ уыдтæн уæд, ай-гъай! Камал иудадзыгдæр цыди разæй. Хатгай-иу, цыма бафæллад, йæхи афтæ æвдисгæйæ, æрлæууыди æмæ- иу, йе ’нгуылдзæй хæрдмæ амонгæйæ, хуымæтæджы загъта: — Уалæ уыныс?.. Уый у Хатмиэр! Æз хæрдмæ скастæн митсæр хохмæ æмæ та ног къæрцхъусæй мæ каст скодтон къахвæндагмæ. Къахвæндаг комкоммæ цыди егъау сау хохмæ. Уæлейы йыл æхсæрдзæны лыстæг пырхæнты мигъ йæхи дæлæмæ сындæг уагъта. Чысыл фалдæр æна- хуыр дынджыр æвзагау æрзæбул ис, æнæхъæн комы уæрхыл чи æххæссыдис, ахæм хъæбæр миты цæнд. Анкада дзы йæхицæн айгæрста тъунел æмæ, къуырма нæрд кæнгæ, уырдыгæй згъордта æнæкæрон дардмæ. Æз мæхинымæр фæцæйдис кодтон, — августы æм- бис, æнтæф, афтæмæй ма ам та — зымæджы базза- йæццæгтæ. Фæлæ мын дис кæнын нал бантысти: мæ хуылыдз дзабыры пъадос дурыл фæцъыввытт ласта, æмæ æз сæрсæфæн дæлджинæджы сæрмæ ацауындзæг дæн. Мæ амонд уыдис, æмæ афойнадыл иу хус къудзи- йыл фæхæст дæн. Камал мæм æрбазгъордта, стæй фæлæууыд æмæ та мæм уыцы æнцой хъæлæсæй дзуры: — Цæмæн хъазыс? Схиз уæлæмæ! Æмæ æз дæр схылдтæн, мæ мидбылты æфсæрмы 243
худт кæнгæ. Мæ норттæ ныттынг сты, афтæмæй зыр- зыргæнгæ, алы уысм дæр дæлджинæджы амæттаг ба- уынæй тæрсгæйæ, æз мæ цыппæртыл сбырыдтæн къæ- дзæхы рагъмæ æмæ йыл ныддæлгом дæн. Камал мын мæ худинаджы уавæр нæ фиппайдта, афтæмæй~æрбадт чысыл æддæдæр, йæ къухæй рæвда- уæгау æрцавта уымæл къæцзæх æмæ загъта: — Накаду. Афтæ хуынди уыцы хъуынтъызхуыз хох. Мæнæн мæ цæстытæ "тартæ кодтой, хъусты хъа- зыд дымгæйы æхситтау. цыдæр, тасдзинад мын мæ зæрдæ æгъатыр тынг æлвæста, къухты æнгуылдзгæ аркъаутау дæвдæг кодтой къæдзæхы къуызыртыл. Фæлæ Камал уыцы æнцой хъæлæсæй куы сдзырдта, «Накаду», зæгъгæ, уæд мæ ныфс æмæ мæ хъару фæ- фылдæр сты. Къæхты бынмæ кæсыныл архайгæйæ, æз æрхылдтæн къахвæндагмæ. Уæдмæ та Ка>мал арасти размæ. Æз тарстæн фæс- те баззайынæй. Зылынтæ æмæ пæлæхсар сывылдз бæласы бын уый æрхуыссыд лæгъз æмæ тæвд дурыл: — Нæ фæллад æруадзæм. Уартæ фæзилæны фæс- тæ ис хъæу, — йæ цæстæнгас ахаста, кæрæй-кæронмæ æрыгон сывылдз хъæдæй æмæхгæд хæхтыл, стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Мукралдух. Æз мæх-имæ æркастæн. Мæ хæлафы рахиз фадыг, хæдоны дыс, иудзырдæй, хохы къулмæ мæхи кæцы- рдыгæй нылхъывтон, уыцы фарс иууылдæр уыди бын- тон хуылыдз... ... Раивгъуыдта иу аз. Редакцимæ æрбацыд прак- тикант Ленинграды университетæй — Димæ. — Арвитут мæ командировкæйы æппæты дарддæр æмæ зындæр ранмæ, — куырдта уый. — Мæн фæнды Дагъистан йе ’цæгæй зонын. Редактор мæм басидти: — Алас-ма йæ дард искуыдæм, — æмæ хин худт бакодта, афæдзы размæ секретарь куыд бахудт, раст афтæ. ’ Æз мæхинымæр загътон: цæй æмæ нын фенын кæ- нон «уыцы» къахвæндаг. Æмæ ацыдыстæм. Фабндагыл цæугæйæ, æз Димæйæн радзырдтон, «уыцы» къах- 244
вæндагыл нæ цы хъизæмæрттæ бавзарын бахъæудзæн, уыдон, уыимæ ма сыл мæхицæй дæр афтыдтон фæцæх- джындæр кæныны тыххæй. Фæлæ уыцы ныхæстæй æз тынгдæр бацымыдис æмæ мондаг кодтон ме ’мбалы, æндæр ницы. — Гъе уый хорз! Ехх, æз уым цас хуызтæ фæис- дзынæн! Ме ’мбæлттæ дисæй амæлдзысты! Димæ йæ «линейкæйæ» ахæм сæрыстыр æмæ ра- зæнгард æркъæпп-æркъæпп кодта, æмæ дзы-иу, кæм ис, кæдæм цæуы, уыдæттæ дæр айрох сты. Мæн-иу арæх бахъуыд уый тыххæй машинæйы гуыффæйы ныффæлдахын, цæмæй йæ фæндаджы сæрмæ къæ- дзæхты бызычъитæ ма скъуырой, уый тыххæй. Стдæс сахаты дæргъы нæ машинæ хорз фæцагъта, бахæццæ стæм райцентрмæ, фæлæ фæскомцæдисы райкоммæ нæ бацыдыстæм. Цæмæн æм цыдаиккам? Æз мæхæдæг хорз куы зонын «уыцы» къахвæндаг. Нæ фæстæ фæуагътам культурæйы хæдзар, ног уа- зæгуат, ноджыдæр цалдæр хæдзары æмæ федде стæм райцентрæй. Мæнæн фырдисæй мæ цæстытæ рацæйлиуырдтой сæ къуырфытæй: уыцы къахвæндаг уым нал уыди! Уый бæсты камы къуырфы арф ацыд уæрæх надвæн- даг. -Къæдзæхы лæгъз къулыл фыст уыди: «Фæсивæ- дон». Кæд, миМаг, дарддæр уыдзæн уыцы къахвæндаг? Кæд уартæ уыцы хохы фале? Сахаты æрдæджы фæстæ бахæццæ стæм уыцы хох- мæ. Уымæн йæ сау буары гæрст уыди тъунел. Димæ мæм уайдзæфгæнæджы цæстæй бакаст. Йе ’нгасыл бæлвырд фыст уыди: «Ды дæ гæдылæг». Фæлæ уыцы сахат æз фæлмас хост бакодтон хус хохы къул æмæ, раст Камалы хуызæн, загътон: — Накаду. Стæй уæд цинзæрдæйæ бацыдтæн æрыгон колхозон- мæ, — уый сыгъдæг кодта кювет, — æмæ йын йæ дæр- зæг къух райстон зæрдæбынæй. Лæппу æппæт дæр. бамбæрста æмæ йæ мидбылты сæрыстыр худт ба- кодта. ... Гъе, афтæ разындтæн æз гæдылæг, æмбæлттæ. Фæлæ, бауырнæд уæ, уый мæнæн æхсызгон дæр ма у.
ХУЫМÆТÆДЖЫ ХÆЛАРДЗИНАД Аудиторийы уайтагъд ничиуал аззад. Æрмæст ма фæстаг стъолы уæлхъус дыууæ студенты сæ карз бы- цæу-ныхас кодтой. Магомед апп-уппы айста Гасаны. Уыимæ Магоме- дæн йæ къухты тылд æмбисонд уыди. Гасан дæр дзы йæхи иргъæвта, мæнæ иуæй-иу бындз адæймаджы æнцой куы нал фæуадзы, куы йæ стыхсын кæны, уыйау. Къаннæггомау чызг сæм бацыд æмæ Гасаны дысыл рахæц-рахæц кæны. — Æз куыд комсорг, нæ — куыд де ’мбал, афтæ дын хъуамæ зæгъон, зæгъгæ, йæ еæр æваст фæхæрдмæ кодта чызг, — ды ма раздæрау. ныр дæр дæхи къæй- ных кæй дарыс, уый. 0! - Гаеан сæм былысчъил каст бакодта. — Ау? — «Аутæ» ма кæн. Цæмæн уæндыс ахуыргæнæг- мæ? Дæуæй афтæ, ныр ды алцы дæр зоныс. Ды баф- хæрдтай канд уый нæ, фæлæ мах не ’ппæты дæр. Гасан ма былысчъил каст кодта чызгмæ æмæ йæхинымæр дзырдта: «Сылгоймæгтæ уарзынц æхсæн- къыл саргъ æвæрын. Цæй, ныр цæуыл сцырен сты, цы ракодта уагæр? Лекцийы рæстæг хъæрæй дзырдта йæ сыхагимæ. Ахуыргæнæг загъта: «Чи зоны, кæд сы- ма(х ныхас ахсджиагдæр у, æз ныртæккæ цы æрмæг амонын, уымæй?» Уæд Гасан бахудт æмæ загъта: «Чи зоны, у». Æндæр ницы». Æмæ йæ ныр уыцы чызг уый тыххæй къуымты айста. — Афтæ ма æнхъæл, æмæ иттæг хорз кæй ахуыр кæныс, уый дын бар дæтты... — Айс дæхи, дæ хорзæхæй! — фæхъæр ыл ласта Гасан. — Æгъгъæд у, схъыг дæн дæ зондамонæн ны- хæстæй! Лæппуйы цæстытæ æрбанцъылд сты, цæсгом афæ- лурс æмæ амæстыхуыз ис. Уымæн ныртæккæ æнæуы- нон фестади чызг. Иу цъусдугмæ йæ сæры февзæрд йæ фыдæлты туг: «Йæхи тъыссы, хъуыддаг æй кæм нæй, уым! Хъæртæ кæны — кæуыл? Нæлгоймагыл!» ’, Гасаны æнгас бæлвырд дзырдта: «Ей, дæ бынат.зон!» 246
Чызг фæныфссаст ис, фæлæ та йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ мæстыйæ загъта: — Хорз! Фæлæ дæ фæскомцæдисон æмбырды уæд- дæр бахъæудзæн мæ ныхасмæ байхъусын. Чызг разгъордта аудиторийæ. Магомед йæ сæр батылдта. — М-ай-ай, Гасан! Цæй тыххæй бафхæрдтай Айсайы? Уый дын æцæг хæлар куы у. Гасан былысчъил худт бакодта: — Æз не ’ууæндын уыцы хæлардзинадыл. Цæй хæлардзинад у уый... Уый.у... — Гасан, æвæццæгæн, нал бауæндыд, йæ зæрды цы уыд, уый зæгъын æмæма хъæрдæрæй загъта: — Æз уæвгæ æнæуи дæр не ’ууæн- дын «хуымæтæджы» хæлардзинадыл нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы æхсæн. Не ’ууæндын, æмбарыс?! Уым хъуамæ кæнæ уарзондзинад уа, кæнæ та чъизи- дзинад. — Уыи дын, гъс! — Магомед тымбылкъухæй æр- цавта йæхи армытъæпæн. — Æз дын ахæм зондахас- тыл хæст æнхъæл никуы уыдтæн! Æз та дын афтæ зæгъын уæдæ, æмæ... — Ма мын дзур, курын дæ. Уæддæр мæ нæ бауырн- дзæн. Цæй, фенынмæ уал! — Нæ, нæ, фæлæуу! — Нæ мæ æвдæлы! Æрбауай-иу изæры нæхимæ, кæд мын дæ зæрды исты зæгъын ис, уæд. " Лæппуйы бæрзонд æмæ хæрзконд гуырыкондмæ фæсте кæсгæйæ, Магомед йæ мидбылты бахудт. Уый уарзта Гасаны, уарзта йæ, йæ сæр хорз кæй кусы; уый тыххæй, æмæ йын бирæтæ барста. Уымæ-иу, курсы комсоргмæ, куы æрбацыдысты Гасаныл хъаст кæнын- мæ, уæд-иу архайдта йæ бамынæг кæныныл. Хъæст- гæнæджы уæхск-иу æрхоста Магомед æмæ-иу ын загъ- та: «Цæй; хæргæ дæ, миййаг, куынæ бакодта Гасан. И? Бахордта дæ?» Гасан цыди сындæггомау. Масты хъуыдытæ йæ цæсголшл бæлвырд зындысты. «Алчидæр йæ дзых æп- пары, йæхи тъыссы хъуыддаджы. Цы гуыбынниз сæ ис? Ахуыр кæнын се ’ппæтæй — хуыздæр, мæ наукон куыст дæр цæуы иннæтæй хуыздæр. Архайын, фæ- дзæхст мын чи ис, уыцы æхсæнадон куыстытæ æххæст 24?
кæныныл. Уæддæр нæй! Куыд хъæуы, афтæ нæ загъ- тай, сæрыстыр дæ, æнæрвæссон дæ... Уый дын мардæр- цыд, гъе! Цы аххосджын дæн, иннæтæй мын фылдæр кæй æнтысы, уымæй? Ацы Айса дæр... Æмбал... хæлар... Цавæр хæлар? Бауарзта мæ, уьшæй дæр тынг!..» Гасаны æрбаййæфта Зубаир. Ууыл кæд æртæ ’мæ ссæдз азы цыди, уæддæр бакастæй уыди фынддæеаз- дзыд лæппуйау. Сæ курс æй нæ уарзтой, нымадтой йæ æгуыдзæг, уæдæгондыл. Гасанæн уый кодта цæстмæ- хъус ныхæстæ, хъæрæй дис кодта уый «курдиатджын- дзинадыл». Гасан нæ уарзта Зубаиры. Фæлæ-иу ын Зубаир æп- пæлæн, козбау ныхæстæ куы кодта, уæд уарзта уыдон- мæ хъусын æмæ-иу йæхицæй ныббузныг ис. Зубаир бакасти Гасаны цæсгоммæ. — Библиотекæмæ ца&уыс? Гасан тарæрфыгæй йæ сæр батылдта. — Уæдæ цы диссаджы дзæбæх рæстæг у, и! Цъ- цъ! — бакодта Зубаир. Æцæгдæр уыди хорз бон. Уалдзæг уынæрыд, цъы- бар-цъыбур кодта цъиуты хъæлæсæй, зыланг кодта тайæг ихты æрхау-æрхауæй. Цъиуты рæсугъд зард- иу фæци цæуæг адæймæгты ныхасы бын. Гасан ницы дзырдта. Фæлæ Зубаир зыдта, куыд æй ранъаха, уый. — Æз абон иу ныхас фехъуыстон. — Айс дæхи, — йæ къух ауыгъта Гасан. Зубаир хъæрæй басусу-бусу кодта: — Егор Иванович афтæ загъта, институт каст фæуыны фæстæ, дам, дæу аспирантурæмæ айсын кæн- дзынæн, кæннод та, дам, æй мæхимæ æрбакæндзынæн. Гасанæн æхсызгон уыд уыцы ныхас. — Мæнг нæ зæгъыс? — Уый дын, гъе! Куыд мæнг? — йæхи фæтæр^ай- хуыз кодта Зубаир æмæ та уыцы сахат загъта: — Æз дæр демæ цæуын. Дæ сæр æмæ дын дæ конспекттæй спайда кæндзынæн. Хорз? — Хорз, цом, лæвархор. — О, фæцæй мæ рох кодта, — Зубаир йæ ных ар- мытъæпæнæй батъæпп ласта, — Айсайæ дæр æппæлы- дысты. 248
Гасан йæхи фæтар кодта. Уымæй йæ зæрдыл æр- лæууыд абоны ныхас. — Схъыг дзы дæп, æнæрай фæуæд! — бахъуыр- хъуыр кодта Гасан. — Уарзгæ дæ кæны, — йæ цæст æрныкъуылдта Зубаир. — Америкæ байгом кодтай! «Уарзгæ дæ кæны!» — Гъы, æмæ ды та? — цымыдисæй афарста Зу- баир. — Æз цы? Уый мæтæй мæлын! Зынгæ дæр мæм нæ кæны. Гасан • загъта афтæ æмæ йæ ныхæстæй куыддæр фефсæрмыгомау ис. Айса йын æвзæрæй ницы ракодта. Зыдта йæ æрмæст хорзырдыгæй; ныр ацы козбауы раз уьщы чызджы кой ахæм æнæмбæлгæ хуызы ра- кодта. «Дæ дзыхыл хæц æмæ дзидза хæрай», — йæ зæрдыл æрбалæууыд лæппуйæн æмæ йæхинымæр загъ- та: «Уыцы^ныхæстæ мæ дзыхæй цæмæн схаудысты? Исчи мæ артмæ ныддардта?..» Дыууæйæ дæр бацыдысты библиотекæйы агъуыст- мæ. — Раст дын куы зæгъон, уæд, æвæдза, ды хæрз- æдылы дæ, — райдыдта та Зубаир, йæ палто лас- гæйæ. — Гъеныр ахæм рæеугъд чызджы уарзондзина- дæй цæуылнæ спайда кæныс! Ахон æй атезгъо кæнын- мæ, зæрдæ йын бавæр, ракурдзынæн дæ, зæгъгæ, æмæ... Æз дæ бынаты куы уаин, уæд афтæ... Зубаир йæ ныхас кæронмæ дзырд нал фæци. Гасан гъе уьгцы сахат йæ къахæй кæй раласта, уыцы цъыф къалосæй ныххафт кодта лæппуйы цæсгом. — Æлгъаг! — фырмæстæй йæ хъуыр ахгæдта, аф- тæмæй ма загъта Гасан. ... Аудиторн мæстæй абухта. Студенттæ карз ныхас кодтой, азымы дардтой Гасаны. Се ’ппæты зæрдæты дæр имаст бауагъта уый æбуалгъ ми. Иууылдæр æбыхсгæ æнхъæлмæ кастысты æмбырды райдайынмæ. Гасан аудиторимæ куы бацыд, уæд æм иу дæр не ’сдзырдта. Фыццаг ныхас лæвæрд æрцыд Гасанæн йæ- хицæн, Уый сындæг сыстади æмæ æнцад райдыдта: 249
— Мæхи аххосджын нæ ’хонын. Ахæм ран дыккаг хатт дæр та раст афтæ бакæнин. Не ’хсæн цыди цæх- гæр ныхас. Гасаны уьгцы ныхаеыл ноджы тынгдæр смæсты сты йе ’мбæлттæ. Гасан уый бамбæрста, фæлæ йæм фæсмон не ’рцыди. — Афтæ цæмæн загътай? — фæсте йæм сусæгæй æрбадзырдта Айса. Чызг уыди фæлурс æмæ хъуыды- гæнгæ йæ былтæ æхсынæгау кодта. — Æндæр хуызы ныхас кæнын нæ зонын æз, — цæхгæр ын загъта Гасан. Зубаир дзырдта мæсты æмæ къуыхцытæгæнгæ: — Ацы тип йæ рохтæ бынтон суагъта. Йæхимæ гени кæсы. Уый сымах, о, сымах уæхæдæг афтæ сфыдуаг кодтат. Уымæн алцыдæр фидауы, суанг цъыф къало- сæй искæйы цæсгом цæвын дæр... Аппарæм æй фæс- камцæдисы рæнхъытæй! Уый æрбадти. Æмбæлттæ карз ныхас кæнын рай- дыдтой Гасаны уаджы тыххæй. — Цы йæ нæ уадзы æдæг адæймаг суæвын? Уый у хиуарзон, сæрыстыр, хъал, æвзæр цæстæй кæсы йе ’мбæлттæм, æнæрвæссон, худы алкæуыл, — дзырдта Магомед. Гасан бамбæрста: ныхасгæнджытæ тæвд кæнынц, фæлæ зыдта, сæ ныхæстæй бирæтæ раст кæй сты, уый. Æцæгæйдæр ма: куыд ныццавта адæймаджы, уымæй дæр цъыф къалосæй? Ноджы цæсгом! Æмбырдыуæвджыты фæндыди базонын, Гасан Зу- баирæн ахæм æнаккаг ми цæмæн бакодта, уый. Фæлæ нæдæр Гасан йæхæдæг, нæдæр Зубаир нæ бакуымдтой уьгцы цæфы æфсон радзурын. — Кæмæ цы фæндон ис? — бафарста Магомед æм- бырдыуæвджыты. — Аппарæм æй! Аппарæм æй! — райхъуысти цал- дæр хъæлæсы. йæ бынатæй сыстади Айса. — Æз курын ныхасы бар, — загъта чызг тыхст- хуызæй, æцæг ацы хатт йæ сæр иудадзыгау нæ фæ- хæрдмæ кодта. Чызг радзырдта куыстуарзаг, тынг зæрдæргъ&вд, суанг курдиатджын студенты ть1хх;æй. Уый у наукон 250
æхсæыады сæрдар дæр, хорз физкультурник дæр, уый у рæстзæрдæ æмæ принципиалон адæймаг. Чызг кæй^ кой кодта, уым Гасан тыххæйты базыдта йæхи. «Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, уарзы мæн. Афтæ дзурдзæн, æрмæстдæр æцæг чи уарзы, ахæм адæй- маг», — хъуыды кодта Гасаи. Ныр нал хъуыста, Айса цæуыл дзырдта, уыдон. Аныгъуылд йæ мысинæгты хъуыдыты. I Мæнæ Гасан — фыццаг курсы студент. Уыцы чызг уæд уыди, ныр цы у, уымæй ма ноджыдæр мæнцъи- дæр. Гасаны зæрдыл ма лæууы: уыцы чызг-иу ахуыр- тæм иннæтæй се ’ппæтæй раздæр æрбацыд, цæмæй аудиторийы йæхицæн бынат раззаг рæнхъыты æрцах- са, уый тыххæй, уымæн æмæ Гасан уарзта ахуыр- гæнæгмæ хæстæгдæр бадын. Айса йын арæх лæвæрдта тетрæдтæ, блокноттæ, чин- гуытæ, ручкæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, суанг æй уæд дæр уарзта уыцы чызг. Лæппуйы зæрдыл æрлæууыд, семинарты æмæ йын-иу экзаминты йæ дæсны дзуаппы- тыл чызг æргом куыд дис æмæ цин кодта, уый. О, уый уарзы, æнæмæнг уарзы Гасаны! Æмæ уыцы хъуыдытæ барухс кодтой лæппуйы зæрдæ. Стæй Гасаны цæстытыл ауад, рынчындоны куы уыд, уый. Фæлурс, цола. Стæй Айса. Уый йæм бæрæггæнæг бацыд иннæтæй раздæр, стæй йæм уæд цыди се ’ппæ- тæй арæхдæр. Чызг ын алы хатт дæр уырдæм хаста картофджын гуылтæ, уымæн æмæ сæ Гасан бирæ уарз- та. Уыимæ-иу фæлмас зæрдæйæ дзырдта, гуылтæ мæ- хæдæг не ’скодтон, — афтæ дæсны нæма дæн, — фæлæ сæ нана скодта, зæгъгæ. Уæд Айса æппæтæй хуыздæр зыдта... рынчындоны Гасанæн арæхстгай зæгъын: «Ахуыр кæн, иннæтæй фæстæдæр ма баззай. Æртæ мæйы — уый чысыл æм- гъуыд нæу». Æмæ фæразонæй йемæ ахуыр кодта лати- наг æвзаг. Мæнæ та йæм иууылдæр зæрдæбынæй ныхъхъуыс- той. Æрмæстдæр уый зоны афтæ дзурын. — Мах ын баххуыс кæндзыстæм йæ зæрдæйыуа- джы хъæндзинæдтæ фесафыны хъуыддаджы. Уый зондджын у —æппæт дæр бамбардзæн. Мæнæ ныхас кæуыл цæуы, йæ уыцы æнæхъола мийы тыххæй та 251
йын, — Айса йæ был дæндæгтæй фелхъывта æмæ йæ сæр дæлæмæ æруагъта, — раттæм æфхæрд... Уыцы фæндоны фарс схъæлæс кодтой иууылдæр. Студенттæ ахæлиу сты. Уыди æнафон. Гасан ма иунæгæй бадгæ баззад æмбырдты залы, къухтыл йæ сæр уæззау æруадзгæйæ. Уый хъуыды кодта Айсайыл. Бацыдис æм Магомед, йе ’уæхскыл ын къух æрæвæрд- та æмæ загъта: I — Æттпæт дæр хорз уыдзæн, мæ хæлар... — О, афтæ, бузпыг, — æнæ ахъуыдыйæ дзуапп радта уый Магомедæн. Йæ сагъæстæ нæ хицæп кодтой Айсайæ. Æмæ йыл цас фылдæр хъуыды кодта, уый бæрц йæ зæрдæйæн уыд æнцондæр. Хорз, алæмæты дзæбæх чызг у. Уый мæн уарзы. Æппæт-æппæт дæр у ууыл дзурæг. Æмæ уый ницы азымджын у, æз ын ахæм уарзондзинадæй дзуапп кæй нæ дæттын, уым. Фæлæ, цыфæнды уа, уæд- дæр ын æз хъуамæ арфæ ракæнон йе ’ппæт хæрзты тыххæй дæр. Гасан цъиусуры тахт æркодта асинтыл дæлæмæ, азгъордта уыигмæ æмæ... æваст фæлæууыд: Айсамæ тагъд-тагъд æрбацæйцыд иу бæрзонд лæппу. Гасан федта, чызг дæр аам уыцы райдзаст зæрдæйæ куыд фæцæйцыд, уый. Уыдон сæмбæлдысты, алæууыдысты, кæрæдзийы цæстытæм кæсгæйæ, стæй сындæггай араст сты, се ’уæхсчытæ кæрæдзимæ æнгом æлвæстæй. «Чи у уый?» — ахъуыды кодта Гасан. — «Уæвгæ, чифæнды уæд! Æз чызгæн хъуамæ æвæстиатæй йæ къух райсон». Айса æмæ йе ’мбал бахæццæ сты, фæзы цы чысыл цæхæрадон ис, уырдæм. Гасан сæм хæстæгдæр куы ба- цыд, уæд фехъуыста: Айса йын кодта æмбырды кой; лæппу йын йæ ныхас айста æмæ йын загъта: «Мæ уар- зон стъалы, мæ зæрдæйы рухс!» Айса йæм хæрдмæ скасти. Йæ цæстытæ калдтой стыр, бæрæгбоны уарзондзинады тæмæн. Гасан йæхицæй тынг ныфсæрмы ис. Уый йæхи æр- уагъта даргъ бандоныл æмæ, йæ зæрдæйы æнахуыр рыст банкъаргæйæ, йæхицæн загъта: — Уый дын, гъе! Цæмæн загътон, уарзгæ мæ кæны, зæг;ьгæ? Уый æцæгдæр у хуымæтæджы хæлардзинад.
Капиев Эффенди поэт* Одиссея Ивгъуыд царды стыр зындзинæдтыл куы фæдзу- рынц, уæд арæх афтæмæй райдайынц: къонайы арт мы- нæг сыгъдæй сыгъди, ныхасгæнæг йæ лулæ пъæрттытæ кодта æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ йæ хъуыдыты куы аныгъуылд, уæд-иу æддейæ æрбайхъуысти къæвдайы уы’нæр. Фæлæ ацы хатт афтæ нæ уыд. Дæлдæр цы ны- хæстæ фыст ис, уыдон иууылдæр поэт радиойæ ра- дзырдта. Ныхас кодта сындæггай, æнцад-æнцойæ, æмæ ■йæ дзурын хъуысти нæ бæстæйы æппæт къуымты дæр. — ... Æз ма мæ мады гуыбыиы уыдтæн, афтæмæй мæ фыд хуыцауы дзæгъæлы мæ мадмæ смæсты, атард- та йæ æмæ æндæр ус æрхаста. Æз райгуырдтæн мæ ма- ды æрвадæлты скъæты. Мæ мады æрвадæлтæн мæ фыды ми тынг маст уыд, æмæ сæ пырх мæныл акалд- той;~мæ мады æхсыр цы ад кæны, уый бавзарын дæр мæ нæ бауагътой, афтæмæй мæ зæронд хæррæгъты ба- тыхтой æмæ мæ пæ кулдуары рæбынмæ баппæрстой. Гъе афтæ, мæнæн мæ цард мæстытæй райдыдта. 1 Эффендн Капнсвы уацмыс «Поэт» фыст у Дагъистаны номдзыд адæмои поэт Сулейман Стальскнйы тыххæй. Уыцы уац- мысæй ам лæвæрд цæуы æрмæст хицæн сæргæндтæ. 253
Уыцы рæстæг нæ сыхæгты усэсн райгуырди мард сывæллоп. Ус мæнæн фæтæригъæд кодта æмæ мын дзидзи дардта, куыдзы хъæвдынтæ-йедтæ мæ хонгæйæ. Авдаздзыды онг æз уыцы усмæ цардтæн. Стæй уæд мæ фыд иуахæмы кæсы — сыхæгты кæрты змæлын- хъом чысыл лæппу: «Стæнма, ай мæхи фырт куы у!», зæгъгæ мæ йæ хæдзармæ акодта. Мæ фыд зæхкусæг уыди, фæлæ тынг æнамонд. йæ куыстыты иу хай йæ фырты æккой баргъæвыны фадат ын кæй фæци, ууыл бацин кодта æмæ уадидæгæн сси хъæргæнаг, раст мæнæ хъæуыхицауы хуызæн. йæ хæ- дзар сывæллæттæй йедзаг уыд. Фыдыус — фыдрын. Нартхоры кæрдзынтæ мæнæй æмбæхста. Æз хъомыл кодтон, кæм райгуырдтæн, уыцы ран, хъомдоны, къам- бецимæ иу ран. Уыцы рæстæгæй мæ зæрдыл фаджысы тæф йедтæ- мæ ницы лæууы. Уалынмæ мæ фыд фæрынчын, æмæ мыл уæд скодта ноджы фыддæр бонтæ. Цавæр низ ын уыд, нæ зонын, фæлæ йыл зæрдæхъыг бахæцыд æмæ æхсæвæй-бонæй тухитæ кодта, цыма дойныйæ мард, уыйау. Æдзух рахъуыды-бахъуыды кодта, æ’мæ, æп- пынфæстаг, куы рабадти, уæд, куыд рабæрæг ис, аф- тæмæй æрра уыд. Бон-изæрмæ-иу уынгты дуртæ æм- бырд кодта, йæ роныдзæгтæ дзы-иу хæдзармæ æрба- хаста æмæ сæ адæмæй æмбæхста, стыр мулк сæ хон- гæйæ. Мæ фыд мæ цæстытыл ауайы, æвиппайды куыд сурс и, афтæмæй, бур цæстытимæ... Лæг амарди, æмæ мæ фыдыусæн ныууагъта æхсæз сывæллоны, стæй кæрты къуымты цæндтæ-цæндтæ амадæй уирагдуртæ... ’ Тынг мæ ма базылын кæнут, мæ хæлæрттæ, æппæт хабæрттæ фæд-фæдыл радзурын мæ бон кæй нæу, уый тыххæй: нал сæ хъуыды кæнын. Уæд ахæм заман уыди. Мах зылды чиныджы кæсын зыд- той æрмæст дыууæ адæймаджы, æмæ уыдон дæр уыдысты — посты хицау æмæ хъæуыхицау, хъæмпын худ чи дардта, уый. Æз нæ хъæуæй куы ацыдтæн, уæд мыл, æвæццæгæн, цыдаид æртындæс азы. Дербенты мæ бауазæг кодта иу хъæздыг къупецаг. Æз ын зылд- тæн йæ бирæ сæнæфсирдæттæм, бæхдæттæ хъахъхъæд- тон, суг састон, кæрт марзтон. 254
Цыппар азы æххуырстæй фæхафтон æз уыцы лæг- мæ, зымæг кæд уыд æмæ сæрд кæд уыд, уый дæр-иу нæ бамбæрстон, афтæмæй. Æмæ уьгмæй куы ацыдтæн, уæд та кæсын, æмæ, мæ сæр кæм фæцæвон, уый нæй, стæй мæ дзыпп дæр фыццагау — афтид. Уæд æз фæстæмæ нæ хъæумæ æрцыдтæн. Фæлæ-иу мах хъæуы æххуырстытæ кæддæриддæр уыди, цас хъæуы, уымæй фылдæр, æмæ æз бирæ рæстæг мæхи ирвæзын кодтон, бонгай куы кæмæ, куы кæмæ бакус- гæйæ. Æз уæд мæ тæккæ лæппуйæ уыдтæн. Æмæ, лæппу йæ сыхæгтыл куыстагур куы зила, уæд уый, мæ хæ- лæрттæ, тынг æгад вæййы. Адæм дзырдтой, тынг дард чи нæу, ахæм ран, дам, Гандзайы, æндæрбæстæгтæ паддзахæй зæхх аренды исынц æмæ дзы цавæрдæр уидæгтæ къахынц. Уым, дам, кусджытæ хъæуы. Гъемæ чысыл фæстæдæр æз мæхи хуызæн мæгуыртимæ Гандзамæ ацыдтæн. Дыу- уæ азы бакуыстон æз уы-цы плантациты, кодтон æр- дæгæххормаг цард, тæфсæгæй фæсадтæн æмæ, æппын- фæстаг, мæ бон куынæуал уыдис, уæд алыгътæн. Уым зындонæй уæлдай нæ уыд: æз дзы æппындæр ницы ба- куыстон, уый нæ, фæлæ ма, æрмæст нын стуры тъæнг- тæ кæм лæвæрдтой, уыцы харчевнæйæ хæсджынæй дæр баззадтæн. Гандзайæ æз — куыд, уый мæхæдæг дæр нал хъуыды кæнын — бафтыдгæн Самаркандмæ. Уым саукусæгæй нь^ллæууыдтæн депойы æмæ дзы цал- дæр азы бакуыстон. Стæй та иу афæдзы бæрц фæдæн Сыр-Дарьяйыл хид аразыны куыстыты. Тынг бирæ федтон æмæ базыдтон æз уыцы азты. Уæлдай бæлвырддæрæй æз базыдтон, кусæг лæгæп кæмдæриддæр уыцы-иухуызон зын цæрæн кæй у, адæймагæн йæхицæй фæлидзæн кæй никуыдæм ис, мæ- гуыр адæм Сыр-Дарьяйы былтыл дæр æмæ мах хъæуы дæр æмхуызон æнамонд кæй сты, уый. Æмæ мæ уæд æрфæндыд нæхимæ ацæуын — тагъддæр мæ райгуы- рæн зæхмæ, мæ фыдæлты ингæнтæ кæм сты, уырдæм. Фæлæ мæм æхца чысыл йедтæмæ нал баззад, фæндаг- гагæн дæр мын не ’сфаг сты. Æз Бакуйы тых-амæлт- тæй куысты ныллæууыдтæн пефты промыслæты. Уым бакуыстон дыууæ азы бæрц. Хордтон æрмæст мама\ла- 255
йы къæбæр æмæ, афтæмæй иучысыл æхца куы бам- бырд кодтон, уæд рабæрæг и, æз кæй дæн дæс æмæ ссæдзаздзыд лæг, кæй мыл зайы зачъетæ æмæ кæй фæзæронд кæнын. Хъуыдис ус курын. Мæгуыр лæгæн уæд уый стыр сагъæсы хъуыддаг уыд. Фæлæ уæд мæ царды мидæг фыц’цаг хатт мæ хъул сах абадти. Нæ хъæуы æз ссардтон сидзæр чызг — йæ фыды амæлыны фæстæ иунæгæй чи баззад, ахæм. Чысыл ирæдыл мын æй хæсджынæй радтой. Æрхастон æй æмæ уæдæй фæс- тæмæ нæ хъæуæй пикуыдæмуал ацыдтæн. Азтæ ив- гъуыдтой. Ныр дæр ма мæ цæстытыл ауайынц, — тынг зын æмæ саумылазон азтæ. Мæ бинрйнагимæ мах нæхи къухтæй самадтам чысыл хæдзар. Хæрд- хъуæгтæ, хуыссæгхъуæгтæ-иу баззадыстæм, афтæмæй- ты цæхæрадон скодтам. Цæхæрадон-иу мæ ус хъахъ- хъæдта, æз та уыцы рæстæг адæмæн мæнæу карстон. Афтæ мах фондз азы фæцардыстæм хъæугæрон, адæ- мы хуызæн цæмæй сцадаиккам, уымæ тырнгæйæ; гъе æрмæст, адæм уыцы замапты сæхи хуызæн нæ уыдыс- ты... Иухатт, сихæрттыл нæхимæ æрбацæугæйæ, иу уын- джы ауыдтон бирæ адæм æмæ бадис кодтон: «Цы ха- бар у ай? Æви исчи амард?» Цæвиттон, адæм уыцы заманты кæрæдзийæ æм- бæхсæгау кодтой. Мæгуыр лæг-иу йæ куыстмæ дæр æмæ сæхимæ дæр цыди фæсвæдты, уымæн æмæ алы бон дæр хъæуы уынгты дыууæрдæм кодта хъæуыхи- цау æмæ-иу кæуыл амбæлд, уыдоны ахста алыхуызон бегарайы куыстытæм: къанæуттæ къахынмæ, хос кæр- дынмæ. «Цы хабар уа ай?» — ахъуыды кодтон æз æмæ . адæмы цурмæ бацыдтæн. Уынджы астæу бадтысты хъæутыл зилæг ашугтæ1, сæ къухты дала-фæндыртæ æмæ зарджытæ кодтой, булæмæргъ хурмæ куыд бæл- лы, уый тыххæй. Ашугтæн сæ уæлæ бызгъуыр дарæс- тæ, зарынц цъындæй, цыма фынæй байсты, уый хуы- зæнæй. Æз дæр адæмимæ алæууыдтæн, байхъуыстон сæм. «Диссæгтæ! Уыдæттæ иууылдæр мæнæн мæхи зæрдæйы æвæрд куы сты. Фæлæуут-ма, фæлæуут!» 1 А ш у г — кадæггæнæг, зарæггæнап. 256
— Султан, — бадзырдтон мæ сыхагмæ, — æз алы бон дæр гъе уыцы ныхæстæ мæхинымæр куы дзу- рын, уæд мæм уыдæттæ азарыны зонд ныронг цæуыл- нæ искуы æрцыд? Адæм се ’ппæт дæр мæнырдæм ракастысты. (Раст уьгцы минутыл ашугтæ зард фесты.) — Уыдон мæн ныхæстæ куы сты! — фæхъæр код- тон æз æмæ мæ куырæты æфцæгготы æгънæджытæ æфтауынмæ фæдæн, уымæн æмæ æвиппайды тынг сæн- тæф дæн. — Дæхицæн æнцад куы уаис, мæгуыр дæ бон, — дзуапп мын радтой уæд. — Бакæс-ма дæхимæ: уыцы ныхæстæ дæ хæмхудтыл чердæм сфидаудзысты, стæй нын кæд сбулæмæргъ дæ? Афтæ мын мæ сыхаг загъта, æмæ дын уæд адæмы кæл-кæлæй уынгтæ куы ныййазæликкой. Уыдис æмбис- бон. «Ехх, — ахъуыды кодтон æз, — фæлтау ныр æм- бисæхсæв цæуылнæ у?..» — Уый тыхы фæрцы куы нæ у, хинæй æмæ æхцайæ аразгæ куы нæ у, адæймаг йæ зæрдæйæ куы зары, — загътон æз. — Мæ зæрдæ дæр фыдымурæй конд нæу, миййаг? Цæуыл худут, мæнæ адæм? Нæхимæ бацыдтæн къæмдзæстыг, æфхæрдæй. — Булæмæргъы тыххæй азарын алкæй бон дæр бауыдзæн, — сабыргай загътон æз мæ усæн, — йæ риуы зæрдæ кæмæн ис, уыдонæй алкæй бон дæр, — æмæ дала-фæндыры бæсты мæ къухмæ мæ худ рай- стон, афтæмæй мæцарды мидæг фыццаг хатт æмдзæв- гæтæ мысын байдыдтон. Мæ зарæджы æз дæр ныхас кодтон булæмæргъимæ, æцæг æй стаугæ нæ кодтон, фæлæ йæм сидтæн, мæгуыр лæджы удхæрттæм дæр дæ хъус æрдар, зæгъгæ. Мæ уьщы фыццаг зарæг æз мæ хæлæрттæн бакас- тæн, фæлæ мæ хæлæртты уый нæ бауырныдта. — Булæмæргъты тыххæй бирæ зарджытæ ис, — загътой уыдон. — Ацы зарæг кæм фехъуыстай, Сулей- ман? Нæ зæрдæмæ цæуы. — Уый мæхи зарæг у, — загътон æз. — Кæд, миййаг, дæ фыды хуызæн æрра кæнын бай- дыдтай? — ныххудтысты мæ хæлæрттæ. — Æз ноджыдæр хъæбæрдæр зарæг скæнин мæхи- 17 Длгъистайнаг зæрингуырдтæ 257
уыл, фæлæ мæнæн мæ царды хорзæй ницы уыдис, — загътон æз мæ хæлæрттæн. — Булæмæргъ ма фæуæд, куыдз фæуæд, кæд мыл не ’ууæндут, уæд. Зæгъут мын, æмæ уын куыдзы тыххæй зарæг скæндзынæн. — Хорз, — загътой мæ хæлæрттæ, — уæдæ уал хъæуыхицауыл зарæг скæн, стæй ма дын мах ноджы- дæр бирæ истытæ ссардзыстæм... Афтæ^ æз куыдфæстæмæ мæ ног куысты арфæй- арфдæр цæуын байдыдтон. Мæ хæлæрттæн сæ фыл- дæр уыдысты æнæзæхх мæгуырцæрджытæ. Уыдон-иу цалдæргай азтæ фæкуыстой Бакуйы нефты промыс- лæты æмæ-иу æрмæст стæм хатт сæрды бонты нæ хъæумæ æрцыдысты. Уьшæ гæсгæ уыдон мæнæй дард- дæрмæ уыдтой. Уыдон хæстæг уыдысты æцæг кусджы- тæ суæвынмæ, æмæ сæ æз кæддæриддæр бузныг дæн, адæмы хуыздæртæй, мæ цæстытæ мын уынын ахуыр кæй скодтой, уый тыххæй. — Дуне у, — дзырдтой уыдон, — барæй галиумæ кæй сарæзтæуыд, ахæм тæразы хуызæн. Æмæ цырд лæуу, Сулейман, ма фæрæди. Сæ тæразы фæрцы мах хуызæтты æдзух сайынц, махæй адавынц кæрдзыны карст, хомы адли, хатгай æнæхъæн цард дæр. Цырд лæуу, æфсымæр, гиртæм се ’ппæтмæ дæр лыстæг кæс... Мæ зарджытæ-иу æз мысыдтæн быдыры, мæ куыс- ты рæстæджы. Изæрырдæм хъæумæ цæугæйæ-иу мæ хæлæрттæм мæхи хæстæг байстон æмæ сын-иу фæнда- гыл радзырдтон, боны дæргъы мæ зæрдæйы цы ныхæс- тæ сæвзæрд, уыдон. Куыд рауадис, уый мæхæдæг дæр дзæбæх нæ бафиппайдтон, афтæмæй нæ хъæубæстæ мæ зарджытæ зарын байдыдтой. Æз сæ заргæ нæ кодтоп, стæй сæ мæ зæрдыл бадарыныл дæр нæ архайдтон. Мæ ног куыст разынди зын æмæ æнæнцой куыст. Уый мæнæн фыдæбæттæ бирæ æвзарын кодта, зæрдæрухс- дзинад та — чысыл. Иуахæмы та суадоны цур нæ фæллад куы уагътам, уæд нын ныхас бацайдагъ царды зындзинæдты тых- хæй. Иу фæндаггон молло дæр ламаз кæнынмæ æрлæу- уыд, стæй ламаз куы скодта, уæд мах ныхæстæм дзырд- æппарæн райдыдта. Мæнæн уæд мæ зæрдæ æрхæндæг уыд: раст уыцы бон мын мæ зонгæйæн, зæронд цæхæ- радонгæсæн, рæстæй стæрхон кодтой, йæ фырт цы хæс- 258
тæ дардта, уыдоны тыххæп, йæ фырты та йып сæ тудж- джынтæ къуыри раздæр амардтой. Æз сыл зарæг скод- тон æмæ йæ хъæрæй азарыдтæн. Уæд дын молло куы смæсты уаид. Лæдзæгæй мыи мæ риу батъæпп ласта æмæ мыл хъæртæ кæны: — Искуыдæр ма уый æрцыд, æмæ дæ хуызæн гæм- хеттæ паддзахы тæрхоны лæгты ахуыр кæной? Гæбæр къæдзил! Дæуæн дæ хæс у фæсте хилын, дæ бæсты хъуыдытæ кæнын та сæрæн хæсгонд у, табу хуыцауæн. Æви искуы сыдз-1мыдзы цæугæ федтай? И? Æз фæгæпп ластон: моллойы ныхæстæ мын мæ зæр- дæ асыгътой, раст мыл цыма :цæхæр бакалдæуыд, уый хуызæн. — Диссæгтæ мын куы дзурыс, — загътон æз, — ис- куыдæр ма къæдзилыл ахæм къухтæ разади? — Уыцы ныхæстимæ моллойы уæхсчытæм февнæлдтон æмæ йæ суадоны сæрмæ иучысыл систон. Уæд ме ’мбæлттæ ныххудтысты æмæ, мæнмæ гæсгæ, гъе уымæй хъуыддаг фехæлдтой. Молло цикъæйау афæлурс, афтæмæй хъæу- мæ згъорынмæ фæци. Уайтагъд мæ разы æрбалæууыд хъæуыхицау. Къæнцылармæ мæ акодтой, фæфарстой мæ æмæ мæ ахæстоны бакодтой. Фæлæ уæд мæ хæ- лæрттæ æрбацыдысты. Уыдон хъуыранæй ард бахорд- той, рæдыд рауадис æмæ, Сулейман йæ къабæзты тых кæй равдыста, уый, ома æппындæр хæрамæн нæ уыд, зæгъгæ. Мæн рауагътой, фæлæ мæм тынг бадодойтæ кодтой, цæмæй æз ахæм «чъизи» зарджытæ макуыуал мысы- даин, уый тыххæй. Æз сын дзырд радтон. Æниу уæдæ цы кодтаин? Рæстдзинад дзурæн нæ уыд, галиу ныхæстæн та æмдзæвгæтæй радзурæн нæй. Уый фæстæ æз бирæ азты дæргъы ног зарджытæ ни- куыуал ракодтон, уымæн æмæ мæ (цæстытæн тарстæн... Раджы кæддæр Кюрины хæхты махмæ царди хи- цауиуæггæнæг хан Мурсал. Ханы адæмимæ уыдис поэт — мæгуыр ашуг Саид Кочхораг. Саиды ном ай- хъуысти дардыл, æмæ ханæн та, йæ разы-иу искæмæй куы æппæлыдысты, уæд уый тынг хъыг уыдис. Хан æн- къард кодта. Фæдзырдтой ашугмæ. — Зар, — загъта хан, аст усы кæмæн уыд æмæ^а дунейы цардæй йæ зæрдæ æнкъард кæмæн кодта, уый. 259
Саид азарыд. — Ды, æнхъæлдæн, хорз азарыдтæ,—загъта хан.— Ды, æвæццæгæн, дæсны дæ зарынмæ, фæлæ афтæ къæйных каст цæмæн кæныс? Мæ’устытæ ам куы сты... Марадзут, йæ цæстытæ йын скъахут! Æ,мæ ашугæн йæ цæстытæ скъахтой. Æз уыцы хабар иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыс- тон æмæ йæ мæ зæрдыл хорз бадардтон. Уымæ гæсгæ сфæнд кодтон мæ цæстытæ ’бахъахъхъæнын. Фæлæ поэт, æрмæст мард ма уæд, уый йедтæмæ æгуыппæгæй лæууын нæ фæразы. Фæнда йæ æви нæ, уæддæр-иу æвзæрдзинадæй йæ зæрдæ кæддæриддæр тыхст æмæ змæст уыдзæн, хорздзинадыл та цин кæндзæн, æмæ йæ зарæг адæмæй басусæг кæнын, йæхицæн æй ба- вæрын йæ бон нæ бауыдзæни. Поэт æнгуз бæласæй уæлдай нæу. Цалынмæ ма йæ цъуппыл зыбыты иунæг æнгуз дæр уа, уæдмæ йыл адæм лæдзджытæ æхс- дзысты. ...Иухатт æз горæтмæ ацыдтæн исты бакусынмæ. Уæдмæ адæм мæн зонын байдыдтой куыд поэты, æмæ- иу фæндаггонтæ, нæ х^ъæуы æрлæугæйæ, арæх фæр- стытæ кодтой Сулейманы тыххæй. Дербенты æз бон- изæрмæ куыст фæцагуырдтон, стæй уæд ме ’хсæв ка- раван-сараймæ1 бахастон. Уыдтæн тынг фæлмæцыд, хуыссыдтæн пъолыл. Уалынмæ æрдæпфынæйæ мæ хъустыл уайы: чидæр мæ зарæгзары. Мæ зæрдæсуын- гæг и... Æз уæд фыццаг хатт банкъардтон, мæ цæс- сыджытæ мæ хъуырмæ куыд схæццæ сты æмæ мæ зæр- дæ куыд суынгæг ис, уый... (Ехх, хорз адæм, поэты зæрдæ цы у, сымах уый нæ зонут!) Мæ фарсмæ уыцы иумæйаг уаты хуыссыди бирæ адæм, мæхи хуызæн мæгуыртæ. Уыдон æхсæн уыди лекъæгтæ дæр. Æмæ дын уалынмæ хъусын иу æндæр зарæг, тынг хъæрæй кæй зарыдæуыд æмæ уыцы ран æппындæр чи нæ фидыдта, ахæм зарæг, цавæрдæр бу- лæмæргъ,—ма дзы байрадæуа!—розæйы куыд бауарз- та æмæ розæйæн йæ дидинджытæ згъæлын куыд бай- 1 Караван-сарай — бæхджынтæ, уæрдонджынтæ, фис- тæг адæм æхсæвиуат кæм кæнынц, ахæм кæрт, хурыскæсæны бæстæты. 260
дыдтой, уый тыххæй. Зарæг стынг и, æмæ уый тых- джын зæлтæм мæ зарæг мынæг кæнын байдыдта. «Адæмы ма ныр цæй булæмæргъы мæт и, зæхх сын афтæ къуындæг куы у, уæд? — мæхицæн загътон æз.— Æндæр, æндæр дуне хъæуы адæмы, фæлæ кæм ис?» Заргæ кодта даландар1. Фæстагмæ йын быцæу-ныхас бацайдагъ æппæтимæ дæр, уымæн æмæ йæхи хуыд- та æппæтæй дæсныдæр зарæггæнæг æмæ уый тыххæй йæхицæн агуырдта алкæмæй дæр иу суари. Адæ,м нæ разы кодтой, даландар та домгæ кодта. Уæд æз сыс- тадтæн. — Йей, саг лæг! — загътон æз. — Дæхи зарæг за- рыс æви афтæ, хатгай, искæй ныхæстæ ракæныс? — Мæхи зарæг. — Уæдæ ма нын, дæ хорзæхæй, ацы караван-сара- йы тыххæй, стæй мæнæ мэх тыххæй, æнамонд адæмы тыххæй азар. Даландар ныхъхъуыды кодта. Æз дæр æм æнхъæл- мæ кæсын, кæсын, стæй уæд мæхи нал баурæдтон, рай- дыдтон мæхирдыгонау зарын. Караван-сарайы сы- быртт дæр нал хъуысти, цыма хъæды уыдыстæм, уыйау. Цæуыл зарыдтæн, уый нал хъуыды кæнын, æвæццæгæн, мæхи Багдадыл, кæй нæма ссардтон, æнæ- сгæрст, æнæзындгонд мын чи уыд, ууыл. Кæм дæ, кэс’М, Багдад, амондджынты райгуырæн бæстæ? Æхсæв-бонмæ æз зарджытæ фæмысыдтæн, фæ- зарыдтæн, ’æмæ мын даландар райсомæй йæ худ систа, æхсæвиуаты мызд дæр мæ нал айста. — Караван ацæудзæн, караван-сарай баззай- дзæн, — загъта уый. — Дæ зарæг раст уыди, поэт. Æз дæ бæсты фидын! Фæлæ мын уыцы зарæг баца- мон.. ... Æндæр хатт та мæм æрбацыдысты мæ зæронд хæлæрттæ, куыддæр Бакуйæ æрхæццæ сты, афтæ. Уы- дон мын радзырдтой хъыгаг хабар: нефты промыс- лæты кусджытæ забастовкæ сарæзтой, фæлæ сын нæ I Даландар — приказчик. 261
фæрæстмæ, æмæ мæ хæлæрттæ сæ куыстæй ист æрцы- дысты, куыд амидингæнджытæ, афтæ. Мæ хæлæрттæ æнкъард уыдысты. Æмæ ма уый дæр гъа, фæлæ сыл чидæр æгады зарæг скодта. Уыцы за- рæджы ахæм ныхæстæ уыдис: «Гъеныр кафут, уæ сæр- тыл барабантæ æрцауындзут, уæ устыты та базармæ арвитут, уадз æмæ уым сæ гобæттæ ныууæй кæной, уы- мæн æмæ ма сымах, цæхæрадонæй лæдзæгæй нæмгæ кæй ратардтой, уыцы хæрджыты, цæй буцдзинад хъæуы?» Зарæг скодта иу фыддзæсгом поэт, уæды заман мæ хæлæрттимæ промыслæты чи куыста, ахæм. Уый йæ куыстæй ист не ’рцыд, уый тыххæй æм-æ-иу æдзухдæр хицауы фарс хæцыд. Цъаммар!.. Æз дын ахæмтæн барын? Нæ, æз мард нæма дæн! Æз бон-изæрмæ рацу- бацу фæкодтон, мæхицæн бынат нал ардтон. Фæстаг- мæ уыцы поэтæн дзуапп æрхъуыды кодтон æмæ йæ нæуæлхæдзарæй хъæрæй ныззарыдтæн: «Дæ чъизи сæт ма кал, гæбæр куыдз. Поэты ном ма худинаг кæн, уымæн æмæ æз рагацау уынын, дæ сæр мæ хæлæртты чындзæхсæвы барабаны тылд куыд кæн- дзæнис, уый...» Афтæ æз зарджытæ хъуыды кодтон æрмæст стæ- мæй-стæммæ, мæнæ комы къултæ судзаг тæвд хæри- наг хъавгæ-хъавгæ, чысыл комдзаггай’ куыд фæны- хъуырынц, уый хуызæн. Рацыди фондз азы. Æмæ дын иуахæмы, уалдзæ- джы бонты, райхъуысти, паддзахы, дам, аппæрстой, ныр, дам, æппæтæн дæр æмхуызон бартæ ис, æмæ, адæм цы сæрибардзинад агуырдтой, уый æрцыди. «Æмæ ай цавæр сæрибардзинад у? — хъуыдытæ код- тон æз. — Тæрхондæтты фыццагау бадынц, ныронг дзы цы тæрхоны лæгтæ уыд, уыдон, хъæуы бонджын- тæ нын фыццагау хицаудзинад кæнынц, — кæд адæм раст дзурынц, уæд уый æнахуыр сæрибардзинад куы у!» Фæлæ уалынмæ рæстæг зилахар кæнын систа. Куы æцæгæлон бæстæгтæ, куы деникинонтæ, куы бичераховонтæ, — чи ма сæ æвзæрста, кæй зæрдыл ма лæууыдысты? Уæд æз большевиктæн ницыма зыдтон, фæлæ уæв- 262
гæ зæрдæйæ æмбæрстон, æнæмæнг кæй фæзындзæнис, адæм кæмæ бæллынц æмæ уыцы æмтъерыдзинадæн кæрон чи скæндзæн, ахæм чидæр. (Кæцæй фæзындыс- ты большевиктæ, зæгъгæ, кæй хонынц, уыцы адæм? Чи сæ сфæлдыста уыцы æцæг адæмы?) Æз бирæ фæ- хъуыдытæ кодтон. Мæ хæдзары рæзты-иу фæцæйцы- дысты хохæгтæ æмæ мæ-иу фарстой, цы хъуа.мæ кæ- нæм, зæгъгæ. Фæлæ æз дзуапп раттыныл алы хатт нæ тагъд кодтоы. Æз зыдтон — æвзаг къах нæу: йе ’вза- гæй чи фæкæлы, уый бирæ хатт зæххыл хуысгæйæ баз- зайы, сыстын йæ бон нал бавæййы. Иухатт нæ хъæумæ æрбацыдысты цавæрдæр æндæр- бæстæгтæ æмæ мын ме ’мхъæуккæгтæй æртæйы æр- цауыгътой. Цæй тыххæй? Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы æртæ лæджы большевиктæ уыдысты. «Мæнæ диссаг! — ахъуыды кодтоп æз, — зæхх — мах зæхх, хæхтæ — мах хæхтæ, ауындзгæ æмæ маргæ кæй кæиынц, уыдон дæр — мах адæмæй... Æмæ уæд уый куыд цæуы? Уæдæ уæд большевиктæ — уый мах нæхæдæг стæм, æцæгæлон адæм та нын хицауиуæг кæ- нынц? Раст гъе уыцы бон уынджы баиу дæн, уый агъом- мæ кæмæ куыстон, ахæм лæгимæ. — Сулейман, — загъта уый, — Казимбейы номыл зарæг цæуылнæ скæныс? Æви дæ зарæгыл большевик- ты æрцыдмæ ауæрдыс? Æз æм ницы сдзырдтон. — А дуне цалхæй уæлдай нæу, — загъта ма уый,— æдзухдæр зилгæ кæны, зилгæ... — Раст нæ зилы, — йæ ныхас ын фæлыг кодтон æз. — Фæлæуу-ма, æнхъæлдæн, æмæ дæ къубал къæн- дзыйырдæм йæхи ивазы. — Нæ, дзуапп ын радтон æз, — къæндзы нæрдтæ уарзы, мæ къубал та иудадзыгдæр тæппæлттæ у... Уыцы бон, æвæццæгæн æмæ, м-æ туджы æртæхтæй иу большевикон æвзагæй дзурын байдыдта. Æз ын йæ фæндаг не ’хгæдтон, йæхи бар æй ауагътон... Уый рай- дыдта барджын хъæлæсæй дзурын. Уый сси мæнæп мæхи хъæлæс... Æз æндæр ницыуал зæгъын. Уымæй фæстæмæ цы- тæ æрцыдис, уыдон та уæхæдæг зæгъдзыстут. 263
Мæ цард, мæ азтæ, æвæндаг змис-быдырты хæтæг мæгуыр караванау, æппынфæстаг раст фæндагмæ ба- хызтысты... Уый уыдис Багдадмæ фæндаг. Цыппар æмбисонды 1 Раджы кæддæр, дам, иу тыхджын паддзахæн йæ иунæг фырт фæрынчын и. Паддзахы фырт дын рынчынæй хуыссы, алырды- гæйты дын æппæт дохтырты æрæмбырд кодтой, æмæ дын дохтыртæ, паддзахæн сæ сæртæй ныллæг бакув- гæйæ, куы зæгъиккой: — Цытджын паддзах! Стыр фыдбылыз дæм кæсы. Дæ иунæг бындар мæлы. Къомси куы нæ уа, уæд ын фервæзæн нæй. Фæлæ мах паддзахады къомси кæм ссардæуа? — Тагъддæр, тагъддæр! — фæхъæр кодта уæд пад- дзах. — Адæмæн фехъусын кæнут! Къомсиимæ-иу мæм æрбакæнут, уыцы дыргъ кæй цæхæрадоны сцæт- тæ ис, уый дæр. Æз ын хъуамæ стыр лæвар ракæнон, паддзахы лæвар. Визиртæ1 паддзахады æппæт къуымты агурын рай- дыдтой, фæлæ адæмы нæ фæндыдис къомси раттын æмæ сæ бæлæстыл иунæг къомси дæр нал ныууагътой. Уыцы паддзах фыд-зæрдæ адæймаг уыд, адæмæн би- рæ бæллæхтæ бавзарын кодта, æмæ дзы адæм се ’сæфт уыдтой. «Адæмы туг чи нуазы, уымæн уадз æмæ йæ мыггаг сыскъуына», — загътой адæм. Бирæ фæцагуырдтой визиртæ. Æппынфæстаг кæ- сынц, æмæ мæнæ иу мæгуыр зæронд лæджы дуармæ— къомси бæлас æмæ ма йæ уæлæ — æртæ къомсийы. * — Цы уæ хъæуы? — бафарста мæгуыр лæг визир- тьг> (Уыцы лæг дард æмæ фæсвæд ран цардис æмæ, адæм цы сфæнд кодтой; уый нæ фехъуыста). — Къомси, къомси! — ныццин кодтой визиртæ. — 1 Визир — министртæ, хурыскæсæны иуæй-иу бæстæты. 264
Стыр амонды хъуыддаг! Тагъддæр, зæронд, дæхи арæвдз кæн, æмæ цом паддзахы галуанмæ — паддза- хы иунæг фырты ды мæл-æтæй фервæзын кодтай! Фæлæ мæгуыр зæронд лæг æвиппайды йæхи ныт- тар кодта, йе ’рфгуытæ балхынцъ сты. — Додойаг — мæ сæр! — загъта уый. — Æз уый куы иæ зыдтон. Сымах къомси æртыдтат, æмæ йæ ныр фæстæмæ байсын мæнæн мæ бон нал бауыдзæн! Фæлæ æз паддзахы галуанмæ нæ ацæудзынæн! Мæ фыд æмæ мæ дыууæ æфсьшæры байсæфтысты, уыцы паддзахы æфсондз хæсгæйæ, æмæ уыдон сæ маст мæ- нæн бынæн ныууагътой. Ныр ма æз мæ цæегом куыд ссыгъдæг кæндзынæн? Фæлæ визирты не ’вдæлди, æмæ уыдон зæронд лæ- джы ныхæстæм хъусгæ дæр нæ кодтой, афтæмæи йæ семæ акодтой. — Паддзах дæ сыгъдæг сызгъæринæй сфæлынд- дзæн, æдылы къоппа! — худгæйæ йын дзырдтой уы- дон. — Дæ амонд дæхи къахæй цæмæн къуырыс? Галуаны алфамбылай лæууыдысты хъахъхъæн- джытæ. Мæсыджы цъуппыл сау тырыса фидар кæнын райдыдтой. Визиртæ уый куы ауыдтой, уæд сæ хуыз фæлыгъд, мæгуыр лæджы тагъд-тагъд кулдуары ми- дæгæй фæкодтой æмæ паддзахмæ фезгъорынц. ... Зæгъдзыстæм цьгбырæй: æрцыди диссаг, æмæ паддзахы бындарæн, йæ уд чи сцæйиста, уымæн куыд- дæр къомси йæ былтыл андзæвын кодтой, афтæ йæ цæстæй ракаст æмæ адзæбæх и. Паддзахы мыггаг нæ сыскъуыд. Мæсыджы цъуппыл та кæрдæгхуыз тырыса æрфидар кодтой. Ныр галуан хъахъхъæнджытæ чи сты, уыдон кæ- сынц, æмæ навæрдæр гæмхетт лæг галуанмæ бацæуæн асинтыл сæргуыбырæй бады. Æрхæцыдысты йыл æмæ й-æ ахæстоны баппæрстой. Уый мæгуыр зæронд лæг уыди. Ничиуал æй æрхъуыды кодта. (Къомси хæрд æр- цыд, æмæ ма уый мæт кæй уыди?) Паддзах цинæй мард. Æмбисонды куывдтæ сарæзта... Аивгъуыдта бирæ бонтæ. Æмæ паддзахы фыртæн ус ’кæй æрхастой, уый адыл дын йæ фыд дзырд куы рат- тид, ахæстæтты чидæриддæр бады, уыдон суæгъд кæ- ныны тыххæй, уымæн æмæ, паддзæхты æгъдаумæ гæс- 265
гæ, хъуыраны уæлхъус ахæм дзырд ныббаста. Рай- дыдтой ахæстыты уæгъд кæнын. Æрцыди мæгуыр лæ- джы рад дæр. Фæлæ мæгуыр лæг цæхгæр загъта, æз никуыдæм цæуын, зæгъгæ. — Æз ахæстоны кæй бадын, уый раст у. Æмæ, ца- лынмæ цæрон, уæдмæ хъуамæ ам бадон, цæмæй мæ цæсгом иучысыл уæддæр ссыгъдæг уа, уый тыххæй! Фехъусын кодтой паддзахæн. — Уый цавæр æдылы лæг у?—бахудти паддзах.— Мæнмæ-ма йæ æрбакæнут! Бакодтой йæм мæгуыр лæджы. — Цавæр фыдраконды тыххæй бадыс ахæстоны?— бафарста йæ паддзах тызмæгæй. — Æргомæй дзур, тæрсгæ ма кæн. Абон æз æппæтæн дæр хатыр кæнын. — Æз кæддæриддæр æргом дзураг дæн, — дзуапп радта мæгуыр лæг. — Æз тынг аххосджын дæн. Дæ фырт мæлæтæй цы къомсийы руаджы фервæзт, уый æз сзайын кодтон. — Ай æмбисонды хъазаг лæг куы дæ! — ныххудти паддзах. — Æз та афтæ æнхъæлдтон, æмæ æцæгдæр исты фыдгæнæг дæ. Фæлæ уый та куыд, ныронг дæ куыд нæ æрхъуыды кодтон? Бахатыр мын кæ, ме ’фсы- мæры хай, барæй афтæ нæ бакодтон!.. Æмæ уайтагъд йæ визиртæн дзырд радта, мæ хæз- надонмæ йæ бакæнут æмæ, йæ зæрдæмæ кæцы æртæ дзаумайы фæцæуой, уыдон дзы равзарæд, æппæты зы- наргъдæр хæзнатæ куы уой, уæддæр, зæгъгæ. — Йæхæдæг мын цы хорз ракодта, уый бафидын мæ бон никуы бауыдзæн, — загъта паддзах. — Æмæ уадз æмæ адæм зоной, мæ паддзахиуæгадæн æгъдыы- цой чи фæлæууа, уымæн æз кæй ницы бавгъау кæн- дзынæи, уый. Мæгуыр лæджы акодтой æмæ йын хæзнадоны æп- пæт дуæрттæ иу иннæйы фæдыл байгом кодтой. Уым уыдис алцыппæт дæр: сызгъæрин зæгъай, æвзист зæгъай, налхъуыт-налмастæ зæгъай. Фæлæ мæгуыр лæг æппæт уыцы хæзпатæм кæсгæ дæр нæ фæкодта, сæ иувæрсты бацыд æмæ систа, иу къуымы цы згæ- хæрд фæрæт лæууыд, уый. Стæй уæд йæ фæдджийы ,«у армыдзаджы бæрц цæхх æркодта, тæрхæгæй рай- 266
ста, паддзæхтæ-иу ард кæмæй хордтой, уыцы хъуыра- ны чиныг æмæ дын фæцæуы. — Æндæр ницы хæссыс? — бафарстой йæ визиртæ. — Ницы! — дзуапп радта мæгуыр лæг. — Мæхи- цæн хæрзиуæгæн æртæ дзаумайы равзæрстон, ныр мын фæндаг бацамонут, нæхимæ тагъддæр цæмæй фæ- хæццæ уон, уый тыххæй. «Лæг сæрра ис, — ахъуыды кодтой визиртæ. — Æвæццæгæн, фырцинæй!» Зæронд лæгæн фæндаг ба- цамыдтой, куыд нæ сæ федтаид, афтæмæй йыл фæхуд- тысты, сæхæдæг ацыдысты хъуыддаг паддзахæн фехъу- сын кæнынмæ. — Уый, æвæццæгæн, тынг хъазаг лæг у, — загъта паддзах, фæлæ йæм æндæр хъуыды дæр æрцыд. — Кæд æй, миййаг, исчи бафхæрдта? Тагъд йæ фæдыл цæугæут æмæ йæ фæстæмæ ардæм æрбакæнут. Ахæм стыр цины бон мæнæй мæстджынæй хъуамæ мачи ацæуа. Мæгуыр лæджы раздæхтой. Паддзах æм фæлмæн дзыхы уагæй дзуры: — Хорз бартæ дын куы радтон, мæгуыр лæг, уæд дæхицæн цæуылнæ исты равзæрстай? Æви дæм де ’ртæ къомоийæн мæ хæзнадоны æппæты зынаргъдæр æртæ дзаумайы чысыл кæсынц? Кæд, миййаг, ахæсто- ны тыххæй мæстджын дæ, фæлæ дын æз куы загътон— уый рæдыдæй афтæ рауад. — Нæ, — дзуапп радта мæгуыр лæг, — ахæстоны тыххæй дæм æз ницы маст дарын. — Уæдæ уæд цы кæныс? Æртæ дзаумайы дæм чы- сыл фæкасти? Хорз, фæуæд афтæ: равзар дæхицæн æртæ нæ, фæлæ æртæ хатты æртæ дзаумайы. Мæнæ ма ам æрбад æмæ æргомæй зæгъ: цæмæн дæ бахъуы- дысты ацы згæхæрд фæрæт, ацы цæхх æмæ ацы зæ- ронд хъуыран? Мæгуыр лæг бадгæ не ’ркодта, фæлæ паддзахмæ хæстæг балæууыд. — Ацы фæрæт, — загъта уый, æмæ йæ цæстытæ мæсты æрттывд скодтой, — æз мæхæдæг хорз сцыргъ кæндзынæн. Бамбæрстай? Æмæ дзы йæ тæккæ бын- дзарæй акалдзынæн, дæ фырты дын мæлæтæй чи фер- вæзын кодта, уыцы къомси кæуыл æрзад, уыцы 267
æлгъыстаг бæлас. Æз хъазыныл нæ дæн! Науæд мæ фы- дæлты мæстытæн, ме ’фсымæрты мæстытæн цы кæ- нон? Ацы цæхх æз мæхæдæг стайын кæндзынæн æмæ йæ ныккалдзынæн бæласы уидæгты къæдзилтыл æмæ, къомси кæм сзади, уыцы сыджытыл, æппындæр дзы куыд макуыуал мацы сзайа, афтæ. Мæнæ ацы хъуы- ран, паддзæхтæ ард кæмæй хордтой, уый та æз уымæн рахастон, цæмæй дзы æппæт дунейы раз ард бахæрон æмæ мæ цотæн дæр ныффæдзæхсон: нæ маст никуы- уал ферох кæндзыстæм, фыдæлты цæсгом никуыуал ауæй кæндзыстæм, знагæн лæггад никуыуал бакæн- дзыстæм. Хъæддзау лæджы фæрæт та кæддæриддæр цыргъæй лæууæд адæймаджы цæсгом бахъахъхъæны- ны тыххæй... Ахæм дзуапп радта зондджын мæгуыр лæг стыр паддзахæн, æмæ йæм уый æппындæр сдзурын нал сфæрæзта. — Фехъуыстай, поэт? Стыр маст зæронд нæ кæны, уый цæры сæдæгæй азтæ. Кæцыдæриддæр замантæ райс, — фæллойгæнæг лæг стыр мæстытæ уыдта æв- вонгхорæй, раст лæг цъаммар лæгæй. Дæ цæсгом дын цы амоны, уый сæрты макуы, æппындæр макуы ахиз. Дæ зæрдыл фидарæй дар: дæ дыргъдонæй иунæг къом- си дæр, иунæг дыргъ дæр хъуамæ æвдадзы хос ма уа де ’знагæн, уый нæ, фæлæ дзы хъуамæ хъæстæ дæр ма- куы фæуа. Науæд дыл фыццагдæр цы хъæддзау сæм- бæла, уый фæрæт дын дæ дыргъдоны бæлæстæ бын- дзарæй акалдзæн. 2 Иуахæмы, дам, хинæйдзаг рувас сфæнд кодта, йæ иом бæстыл куыд айхъуыстаид, афтæ бакæнын æмæ дын бирæгъæн лæгъстæ систа, хъæбатырдзинадыл мæ сахуыр кæ, зæгъгæ. — Бирæгъ, — загъта уый, — æз ницы хъуаг дæн: мæ дæндæгтæ — цыргъ, мæ дзæмбытæ дæр афтæ, буа- рæй—цæрдæг, мæ зонд — арæхстджын. Фæлæ уæддæр дæумæ бахæлæг кæнын, — кæд æмæ гал нæ дыууæ дæуæй цыппар хатты тыхджындæр у, уæддæр æй æр- фæлдахыс. Емылыкк бæхыл дæхи фехсыс, йæ риуыл ын ацауындзæг вæййыс æмæ йын йæ хурх æрбадзæн- 268
гæл ласыс. Кад æмæ памыс уæд дæ ныфс æмæ дæ хъайтардзинадæн, — фæлæ дын уæддæр куыд бан- тысы? Сахуыр ма мæ кæн! — Уыйау æнцон куы уаиккой иннæ хъуыддæгтæ дæр, — загъта бирæгъ. — Æз разы дæн дæу сахуыр кæныныл. Цом мемæ! Æмæ дын дыууæйæ цуаны ацыдысты. Быдыры хъæддаг, емылыкк бæх куы ауыдтой, уæд æм бирæгъ бахъуызыд, афтæмæй рувасмæ сабыргай дзуры: — Дзæбæх-ма мæм æрбакæс, рувас: мæ цæстытæ сзылдысты? — Сзылдысты, — дзуапп ын радта рувас. — Тугæй айдзаг сты? — бафарста бирæгъ, агæпп кæнын æввонгæй бæхмæ ныккæсгæйæ. — Айдзаг сты. — Мæ хъуын арц сбадти? — 0,о, — сабыргай загъта рувас. — Уæдæ уæд цæттæ дæн! Кæс-ма! — æмæ бирæгъ йæхи фехста, бæхы риуыл ацауындзæг æмæ йын йæ хурх стыдта. Бæхæн зæххыл йæ гуыпп фæцыд. — Цæттæ у! — хъуыр-хъуыр кæны бирæгъ, тугæй- дзаг фыд гæбазгай тонгæйæ.—Федтай, рувас, æз куыд кодтон, уый? Дæ зæрдыл æй бадар æмæ раст афтæ кæн. — Æндæр дзы ницы хъæуы? — дисгæнгæ бафарста рувас. — Уæдæ уæд уый, æцæгдæр, тынг зын куы нæ у. Бузныг, кæй мæ сахуыр кодтай, уый тыххæй. Ныр дæм мæ хабæрттæ дæр хъуысдзысты!.. Æмæ дын дыккаг бон куыддæр хур скасти, афтæ рувас цуаны куы арастуаид. Сæрыстырæй хъæды фæ- цæйцыди. Сырдтæй-иу ыл чи амбæлд, уыдон ын фæн- даг лæвæрдтой, уымæн æмæ рувасы ахæм тызмæгхуы- зæй никуыма федтой. -Уалынмæ иу тæрхъусыл уæргъæфтыд куы бауид. — Сæрхъæн, — хъалхуызæй йæм дзуры рувас. — Дæ амонд у, æмæ ныр æз бæхы фыд йедтæмæ ницыуал хæрын, æндæра дын дæ царм астыгътаин. Мæ фæдыл цæугæ! — Кæдæм? — бацъыс-цъыс кодта тæрхъус, йæ-зыр- зыр цæугæйæ. 269
— Цуаны! Æз ныр мæ зæрдæйы хорзыл дæн, æмæ кæд ды цыфæнды æвзæр дæ, уæддæр дæ абон галтыл цуан кæнын сахуыр кæндзынæн; (Рувас уыцы ныхæс- Ъæ хъæрæй загъта, хъæды йæ алчидæр куыд фехъуыс- таид, афтæ.) Дисы бацыдис тæрхъус, фырдисæй йæ фæстæгтыл дæр ма алæууыд, фæлæ йыл рувас куы схъæртæ кодта, уæд, .йæ уды тæпп-тæпп уадис, афтæмæй йæ фæдыл фæраст. Бахæццæ дын сты зноны фæзмæ. Зноны хуызæн та дзы хызтысты хъæддаг бæхтæ. Рæгъауæй чи фæхи- цæн, иу ахæм ефс æрхы куы ауыдтой, уæд дын æм рувас, уый размæ бон бирæгъ куыд бакодта, раст аф- тæ арæхстгай бахъуызыд æмæ йæм, йæ цæстытæ сзил- гæйæ, хæрдмæ скасти. — Мæнмæ кæс, — сабыргай бадзырдта тæрхъус- мæ, — дзæбæх мæм„ кæс, зылындзаст, — мæ цæстытæ сзылдысты? — Сзылдысты, — дзуапп ын радта тæрхъус, фыр- тæссæй фæстæмæ-фæстæмæ цæугæйæ. — Тугæй айдзаг сты? — æмæ рувас бахудæгау кодта, йæхицæй ныббузныг уæвгæйæ. — Нæ, — дзуапп ын радта тæрхъус, — нæ айдзаг сты. Рувас йæхицæи дзæбæхдæр бынатравзæрста, йæхи агæпп кæнын æввонг скодта æмæ та ногæй афарста: — Мæ цæстытæ тугæй айдзаг сты? Дæумæ куы дзурын, æвзæр! — Нæ, — тæригъæддаг хъæлæсæй йын дзуапп рад- та тæрхъус, — нæ айдзаг сты. Хуыцау мæ амара, нæ айдзаг сты. — Мæ хъуын арц сбадти? — тæрхъусмæ мæсты кæнын райдыдта, афтæмæй бафарста рувас. — Диссаджы фарст, — схæкъуырццæг кодта тæр- хъус, — цæмæн хъуамæ сбада арц? — Зылындзаст хъæла! — фæтъæнг ыл ласта ру- вас. — Ды ницы æмбарыс! — Йæхæдæг дын бæхмæ ныхъхъавыд, «цæттæ дæн», зæгъгæ-ма фæхъæр кодта, стæй йæхи уыциу æхст фæласта æмæ ефсы риуыл ацауындзæг. Фæлæ йæ емылыкк ефс уайсахат зæхмæ æрæппæр- 270
ста æмæ йæ йæ сæфтæджы иу цæфæн иуварс, дард фехста. Рувас уæлдæфы дыууæ сæрбихъуыройы акод- та, афтæмæй зæххыл уæлгоммæ йæ тъæпп фæцыд. Хаугæ та æркодта, тæрхъус йæхицæн тæрсгæйæ цы къутæрты аууон бамбæхст, уыдоны цур... Рувас йæ гæндзæхтæ цагъта. Уæд тæрхъус, ныр дæр ма æмризæджы рызти, афтæмæй къутæры аууо- нæй рацыд æмæ йæ бакомкоммæ æнцад æрбадтис йæ фæстаг къæхтыл. — Ай-гъай, — сабыргай сдзырдта уый, рувасмæ кæсгæйæ, — гье ныр, рувас, бæгуыдæр, дæ цæстытæ тугæй айдзаг сты, стæй дæ хъуын дæр арц сбадти! Уый бæлвырд афтæ у. Æмбисондæн уый йæ кæрон у. Уымæй дын æз уый зæгъынмæ хъавыдтæн, æмæ поэтикон дæсныйад хъæ- батырдзинадмæ хæстæг лæууы. Поэтикон дæсныйад фæндонæй аразгæ нæу, æмæ, мæ хæлар, æцæг поэт чи у, уымæн йæ цæстытæ йæ фырхъæхъхъагæй сзилынц. Æмæ тугæй дæр гъе уымæн айдзаг вæййынц. Царды мидæг ды хъуамæ бирæгъау стонг æмæ бирæгъау хъæбатыр уай1. Уымæн æмæ поэзи бирæ цæ- мæйдæрты емылыкк бæхы хуызæн у, æмæ уый æппын- дæр нæ бары, йæ разы хин митæ чи кæна, сыгъдæг- зæрдæ чи нæ уа, цæстытæ сзилын йедтæмæ дзы ницы хъæуы, зæгъгæ, æнхъæл чи уа, уыдонæн. 3 Адæм галуан арæзтой. Йæ къултæ амад фесты. Адæм хъавгæ-хъавгæ фæцæйхастой галуаны уæл- хæдзары сæйраг цæджындз, цæмæй ма фæцъæр- рæмыхст уыдаид, уый тыххæй йыл, рагон æгъдаумæ гæсгæ, зæлдаг хъуымац æрбатухгæйæ. Сцæй-йæ-хастой къуыбырмæ. Къуыбырыл та, бирæрудзынгджын бæр- зонд къулты раз лæууыдысты адæм, царвы дурынти- мæ, тырысатимæ æмæ музыкæимæ. Галуаны сæр æм- бæрзт цыди стыр бæрæгбоны рæстæджы, æмæ уыцы хъуыддаг бакæнынмæ æрæмбырд сты адæм иууылдæр. 1 Хæххон адæмты эпосы бирæгъ у хъæбатырдзинады синоним. ч 271
Фæлæ алы хъæуы дæр иу æдылы лæг кæй вæййы, уый зоныс æви нæ?.. Уымæй хынджылæг фæкæнынц адæм се ’ппæт дæр, стырæй-чысылæй, фæлæ афтæ æн- хъæл ма у, æмæ ома хъæуы цæрджытæн уый сæ тæккæ æдылыдæр вæййы æмæ дзы уымæн фæхъазынц. Дзыр- дæн зæгъæм, мах урсзачъе æдылы Паглул-Дивана стыр философ уыди!.. Æмæ дын мæцæ цæттæйæ лæууынц, цæмæй уыцы цæджындз, чи йæ схæссы, уыдоны къухтæй райсой^ царвæй йæ байсæрдой (галуан кæддæриддæр бæрæчет- тæй йе ’дзаг цæмæй уа, уый тыххæй) æмæ афтæмæй райдайой галуаны уæлхæдзар æвæрын. Разæй та, уи- сыл бæхбатт кæнгæйæ, бæгъæввадæй лæууы Паглул- Дивана. Уалынмæ дын æдылы лæг адæмæй фæхицæн æм’æ, чысыл уисæй йæхи цъыччытæ кæнгæ, афтæмæй уыциу тахт акодта, зæлдæгтæй фæлыст цæджындз нарæг уынджы уæлæмæ чи сцæйхаста, уыдоны размæ. Адæмæй хъыпп-сыпп ничиуал кæны, афтæмæй æн- хъæлмæ кæсынц. Паглул-Дивана цæджындзы уæлхъус балæууыд, «Тпрру, æфсургъ», зæгъгæ фæкодта æмæ, цыма тæл- тæг бæхæй хызти, уыйау йæ уисæй æрхызт, йе ’нгуыл- дзæй цæджындзы фарс бахоста æмæ йыл уый фæстæ йæ хъус авæрдта. Стæй дын уæд дыууæ хатты йæ сæр куы батилид, ома бамбæрстон дæ, зæгъгæ. йæхæдæг та фæстæмæ йæ уисыл абадт æмæ уæлбылмæ фæтæхы. Адæм æхсызгонæн сулæфыдысты. — Паглул-Дивана, — бафарстой йæ уæд зæрæдтæ хъазгæйæ,— тæргæ-бæхæй цæмæн ныууадтæ, цæ, æды- лы къоппа? — Уæллæй, мæ сыхæгтæ, уыцы цæджындзæн дыу- уæ ныхасы загътон. . — Дыууæ ныхасы? Уæд цавæртæ? Паглул-Дивана сын дзуапп радта: — Æз бафарстон цæджындзы: цæджындз, уæ, цæ- джындз, де ’мбæлттæй адæм фæкæнынц хуымæтæджы аразæнтæ, кæнæ фаджысмæрзæн фиййæгтæ, кæнæ дзоныгътæ, науæд та сæ ныссæттынц æмæ сæ арты ба- судзынц. Дæ хорзæх мæ уæд, æмæ мын зæгъ, дæуæн ахæм кад цæй тыххæй ис? Адæм дæу хæссынц се 272
’уæхсчытыл, зæлдаг хъуымæцты тыхтæй, адæм иууыл- дæр дæ размæ рацыдысты царвы дурынтимæ æмæ тырысатимæ... Ахæм стыр кад æмæ цыт дын цæй тых- хæй ис? — Æмæ дын уæд цæджындз цавæр дзуапп рад- та? — бафарстой йæ адæм. ’ — Раст кæй дæн, раст, гъе уый тыххæй, — дзуапп мын радта цæджындз. Уыцы æдылыйы ныхæстæ, ды, поэт, дæ уартыл ныффысс. 4 Кæддæр иу хъæды цардис æмæ уыдис маймули. Тынг хъæбатыр маймули, æхсидгæ зæрдæ æмæ æхсид- гæ зонды хицау. (0, о, раст ахæм маймули!) Æмæ дын уыцы маймули талынг цардæй куы сфæлмæцид. Æмæ куыннæ! Ногæй дзы никуы ницы фенæн уыд. Хъæд æдзухдæр — сабыр, алы бон дæр уыциу сырд- тæ, уыциу къахвæндæгтæ. — Æз ардыгæй ацæудзынæн! —• загъта маймули иуахæмы. — Комкоммæ размæ араст уыдзынæн, бы- дырмæ ахиздзынæн! — Дæ зонд фæцыди, мæ хæлар, — загъта йын хъæддаг хуы. — Куыд дзурынц, афтæмæй нæ хъæд æнæкæрон у, æмæ дзы ахизæн никуыдæм ис! — Ис, — радзырдта мæрайæ зæронд уыг. — Ахи- зæн дзы уæвгæ ис, нæл хуы, æз æй зонын. Фæлæ хъæ- ды æдде мур дæр ницы ис. Æрмæст æдзæрæг быдыр æмæ æрхытæ. — О, фæлæ дзы хур ис, хур? — бафарста май- мули.—Æз хур фенынмæ куы бæллын. — Цавæр хур? — сдзырдта уыг. — Хур ноджы æв- зæрдæр куы у. Фæлæ кæд, мæгуыр дæ бон, ды бафæз- мынмæ хъавыс, хуримæ лымæн чи у, уыцы дыкъахыг æвирхъау цæрæгойты, уæд хъæды æдде уыдоныл фем- бæлæн и~с, уый æцæг у. Фæлæ фæлтау дæхицæн æнцад бад, маймули, фæлтау макуыдæм цу хъæдæй. Сæ къу- хæй арвау нæргæ цы зды æмæ арт кæлы, уый махæн мæлæт хæссы. Хъæдæй куы ахизай, уæд уый де ’сæфт уыдзæн!.. 18 Дагъистайнпг зæрингуырдтæ 273
— Уый æцæг афтæ у, — схъох-хъох кодта хъæддаг хуы. — Афтæ у, афтæ, — загътой хъæды сырдтæ се ’ппæт дæр. — Фæлæ уæддæр æз ацæудзынæн, — загъта май- мули сæрыстырæй. — Æз хъуамæ цæуон размæ, ца- лынмæ ма ме ’уæнгты хъару ис, уæдмæ. Æз ам базæ- ронд уон æмæ ацы æвзæр хъылмайы тæф æмæ талын- гыл сахуыр уон, сымах хуызæн сон, — мæн уый нæ фæнды. Æз мæ былы цъæрттæ хæрын, хъæды æдде цы цард ис æмæ мæ цæстытыл чи уайы, уый уæд та мæ цæсты кæронæй фенынмæ. Хъуамæ дзы уа! Нæй йын æнæ уæвгæ! Цы хъуамæ зонай ды, уыг, æхсæвыгæтты цæрæг? Цы хъуамæ федтаис ды, æдылы нæл хуы, дæ фындзы бын цы зæххы гæппæл вæййы, уымæй дард- дæр? Цы зонут сымах, зивæггæнаг, нард æреытæ? Уадз æмæ æз мæлгæ дæр акæнон, æрмæст ам, ацы та- лынджы нæ, фæлæ уым, фæтæн быдырты!.. ... Хъæд гуыв-гуывæй байдзаг. Бæлæеты сыфтæ ба- сыр-сыр кодтой, фæлæ маймули фæстæмæ дæр никуы фæкаст, афтæмæй размæ йæ цыды кой кодта. Къах- дзæфгай раамæ цыди, йæ нысанмæ хæстæгæй-хæстæг- дæр кодта, цыди заргæ, кæд ын тынг зын уыдис, уæд- дæр. Бæлæсты хихтыл йæ фæрстæ цъæррæмыхстытæ кодтой, йæ цармы-иу схъистæ нынныхст, йæ хъуын къæмдзыджытæй байдзаг. Йæ къæхтæн сæ туг мызти, æгас буар сыл нал баззад. Маймули цъымарайы дыу- уæ хатты йæ хъуырмæ аныгъуылд, цыппар хатты бæ- лæстæй æрхауди зæхмæ, иу бæласæй иннæмæ гæпгæн- гæйæ-иу къалиуыл дзæбæх куы нæ фæхæст, уæд, æмæ хъæддаг куиты хъæхъхъаг æрдонгтимæ мæлæтдзаг тохы иу æмæ дыууæ хатты нæ бацыди. Фæлæ а дуне- йыл кæрон кæмæн нæй, ахæмæй ницы ис. Æмæ хъæды кæрон дæр разынди. Маймули йæ нысанмæ бахæццæ. Æмæ дын уалынмæ хур куы скæсид. Æмæ дын уæд арв йæ хуыз куы скалид. Æмæ маймули йæхи цæстæй бынтон æндæр цард куы фенид. Диссаджы рæсугъд райсом скодта маймулийыл! Дидинджытæй гауызау æмбæрзт уыгæрдæнтæ, æмби- сонды рæсугъд хæхтæ æмæ комвæзтæ! Алыхуызон мæргътæ мингæйттæй уæлдæфы зилдухтæ кодтой, уы- 274
цы цардыл цины зарджытæ кæнгæйæ. Кæрдæджы ^ъа- зыдысты быдираг мыстыты лæппынтæ, лæппьш тæр- хъустæ. Хызтысты дзы сагтæ. Сæ къæлæт къубæлттæ сивæзтой, афтæмæй цæугæдоны фæцæйленк кодтой денджызы хъазтæ. Алы ран дæр цæхæртæ калдта хур, алкæмæн дæр йæ хъармæй хай кæнгæйæ æмæ зæххыл алкæм дæр цард æмæ амонд таугæйæ. Маймули уыцы рæсугъд дуне куы федта, уæд фырцинæй змæлгæ дæр нал кодта. Æмæ йæм уыцы ног цардæн йæ алы минут дæр ныр касти йе ’ппæт цардау зынаргъ... • — Гъей! — фæхъæр кодта уæд маймули, уымæн æмæ йе ’стыр цин бауромын нæфæрæзта. — Гъей, мæ- гуыр сырдтæ! Сымах мемæ куы рацыдаиккат æмæ уы- цы бирæ зындзинæдтæн æрмæст сæ иу хай куы бав- зæрстаиккат, ме ’стыр зæрдæрухсæн та æрмæст йæ иу æртах, уæддæр фырцинæй уæ зæрдæтæ аскъуыдаик- кой! Æз раст уыдтæн! — йæ къухтæ тилгæйæ, хъæр кодта маймули æмæ-иу куы иуырдæм, куы иннæрд- дæм азылдис. — Æз фæуæлахиз дæн! Уæлæ ис, уæлæ, хур! Уыцы минут пыхсæй цуанон рацыд, маймулийы ауыдта æмæ йæ домбай фенхъæлгæйæ (æмæ кæд æцæг дæр домбай уыд? О, бæгуыдæр, уæд уый маймули нал уыдис, фæлæ сси домбай), багæрах кодта, амардта йæ. Æндæр хуызы рауайæн дæр уыдис хъуыддагæн, фæлæ фæуæд афтæ дæр... Ныхас ууыл нæ цæуы. Поэт! Кæддæриддæр тындз размæ, зыбыты иунæг куы уай æмæ фæндаг куы нæ зонай, уæд дæр: разæй горæт чи уына, уый фæндагамонæг ницæмæн хъæуы! Алы фисыныл дæр дæм мæлæт гæппæввонгæй кæй бад- дзæнис, уый хъуыды дæр ма кæн, адджын хæринæгтæ æмæ удæнцой цард фæсте кæй зайынц, уый хъуыды дæр ма кæн: ды уыдзынæ сырдты паддзах — домбай! Фæстæрдæм фæкæс-фæкæс ма кæн! Дæ туджы алы æртах дæр хъуамæ размæ тындза. Æрмæст дæр размæ! Ацы цыппар æмбисонды ды, мæ хæлар, чи фæнды куы фестай, уæддæр дæ зæрдыл дар, иугæр кæд поэт суæвыны фæнд скодтай, уæд. Цыппар дурыл сæ дзæ- 275
буг æмæ кæрдæгæй1 бæстон сныв кæн, æмæ афтæмæй хъуамæ бындуртæн æвæрд æрцæуой дæ хæдзары цып- пар фисыны. Æмæ хæдзар куы самаиай (æцæг, хъу- сыс, раззар-иу, цæрæг кæм нæма уыд, ахæм бынат), дæ дуармæ бæлас куы ныссадзай æмæ цыппарырдæм дæр рудзгуытæ куы акъæртт кæнай, уæд зон, уый æр- мæст райдиан кæй у! Уыцы минутæй фæстæмæ ды алы бон дæр, скъоладзау скъоламæ куыд фæцæуы, афтæ хъуамæ ахуыр кæпынмæ цæуын райдайай уæхи адæм- мæ. Йæ циныл ын цин кæн, йæ хъыгыл — хъыг, уарзгæ дæр кæн уый уарзтæй. Дæ хæдзары цурæй ды цыппарырдæм дæр хуры тынтау æмраст цыппар къахвæндаджы дæхи къæх- тæй куы афæд кæнай, дæ хæдзары дуармæ сагъд бæ- лас, мæргътæ йыл лæппынтæ уадзын куыд райдайой, уый бæрц куы сдынджыр уа (æллæх-æллæх, æвæдза, поэты куыст цæй зын у!), æрмæст гъе уæд ды цæттæ дæ сгуыхтдзинæдтæ равдисыны онг. Уæд, ды дæхæдæг цы къахвæндæгтæ афæд кодтай, уыдоныл хæмпæлгæр- дæг хъуамæ сзайа, æви сæ уæрæх æмæ æмраст над фæндæгтæ рауайа, уый аразгæ уыдзæнис, дæуæн дæ зæрдæ цæйбæрц хъаруджын разына æмæ дæ цæст цæй- бæрц уынаг уа, уымæй, уымæн æмæ дæм уыцы фæн- дæгтыл адæм сæхæдæг алырдыгæй цæуын байдай- дзысты... Къонайы арт бандзар. Дæ агъуыстмæ бахизæны гауыз байтау! Дербентырдæм соса Сулейман цалдæр урсзачъе зæронд лæгимæ сгыр æнгуз бæласы бын лæууы йæ хæдзары раз æмæ дардæй кæсы, фæзмæ алырдыгæй дзыгуыртæ-дзыгуыртæй цы адæм цæуынц, уыдонмæ. Фæз стыр фæз у. Йæ фæйнæ фарс бæрзонд фæцыдысты хæххон хъæуы къæпхæнтæ- къæпхæнтæ арæзт сыхтæ. Фæсивæд фæз иууылдæр сæхи бакодтой. Хъуысы хъæлдзæг дзурын, хъæртæ... Нудæс æрыгон хæстоны абон цæуынц Сырх Æфсад- мæ. Хъæуæй араст уыдзысты бæхтыл, кæд колхозмæ > 1 Кæрдæг — дур кæмæй кæрдынц, ахæм цыргъаг. 276
машинæтæ бирæ ис, уæддæр. Уый зæронд лæгты афтæ бафæндыд, горæты онг, дам, хъуамæ æппæты хуыздæр бæхтыл ацæуой, афтæ, дам, æмбæлы. («Хъæбатыр лæгтæн-иу сæ дзабыр бæхы æгъдæнцой уыд,— загътой зæронд лæгтæ, — æмæ кæд нæ фæсивæд Сырх Æфсад- мæцæуынц, уæд сæ къæхтыл хъуамæ ахæм фадыварц уа».) Лæппутæ, сæ бæхты рохтыл хæцгæйæ, лæууынц фæзы бæстастæу. Цæуын афон дæр сын у, фæлæ цæ- мæндæр фæстиат кæнынц æмæ, хъæлдзæг ныхас кæн- гæйæ, иу ран сдзыгуыр сты. Сæ алыварс æмбырдтæ кæнынц алыхуызон æрттиваг дарæстæй фæлыст сыл- гоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. У сæумæрайсом, рæууон сыгъдæг уæлдæф æмæ æртæх æхсызгондзинад дæттынц зæрдæйæн. Хæдзæртты къарнизтыл ауыгъд тырысатæ æмæ гауызтæ зына-нæзына зм-æлд кæнынц рог дым- гæмæ. Бæлæстæй иугай сыфтæ хауы. (Зæххыл аууон ран цы сыфтæ лæууы, уыдоныл бады хæлуарæджы тыны хуызæн рæсугъд æртæх.) — Алцæмæй дæр рæвдз сты! — зæгъы Сулейман, йæ алыварс æнæдзургæйæ чи лæууы, уыцы зæронд лæгтæн. — Фæлæ ма сæм иу хъуагдзинад ис! Се ’ппæ- тæн дæр æмхуызон цъæх бæхтæ ссарын хъуыд. Уæд сæм фау æрхæссæн нал уаид... Сулейман, йæ цуры’ чи лæууыд, уыдоныл йæ цæст ахаста æмæ, бынтон æнцад-æнцойхуызæй, йæ иу цæст фæцъындгæнæгау кодта. Зæронд лæгтæн ахæм сахат сæ зæрдæтæ æнцой кæм уыдзысты, фæлæ йæ не ’вди- сынц. Бæлццæттæн фæндараст зæгъынмæ кæй æрцы- дысты, уымæ гæсгæ сæ уæлæ — даргъдыс фидауц- джын куырæттæ, сæ рæттæ дзæбæх æлвæст, афтæмæй лæууынц: хъæубæсты урсзачъе хицæуттæн, йæ сæр сæрмæ чи хæссы, уыдонæн афтæ фидауы. Сæ куырæт- ты æгънæджытæ иууылдæр æвæрд. Сæ кæрæдзиимæ ныхас кæнынц æнцадгай. Йæ дзыхæй дзырд сæппары- ныл тагъд ничи кæны, дзурынц сабыргай, сындæг ны- хасæй, фæлæ бæрæг у, сæ зæрдæтæ афтæ æнцад не ’сты. — Уæллæй, нæ зонын, — дзуапп радта Сулейма- нæн, иннæтæй иуварс чи лæууыд, иу ахæм бæрзонд къæсхуыр зæронд лæг. — Мæнгæн нæ фæзæгъынц, зæ- 277
рæдтæ сахъ лæппуты хъуыддæгтæм сæ дзых æрмæст дардæй хъуамæ дарой, зæгъгæ. Æз тæрсын, уыцы схъæлрихи Сафарбеджы тыххæй мах дæр нæ фæсивæ- ды цæсты, миййаг, куы фегад уæм... — Æмæ цы бакодта? —мæты бацæугæйæ йæ афар- ста Сулейман. — Хорз нæ бакодта! — мæстыхуызæй дзуапп рад- та зæронд лæг. — Ау, нæ йæ фехъуыстай?.. Дысон изæр уьгцы даргърихи Сафарби, — йæ хæдзар нык- кæла!—мах не ’ппæт дæр куы рацыдыстæм, уæд суанг æмбисæхсæвтæм иунæгæй фæсивæдимæ баззад. Æмæ ма уый дæр гъа, фæлæ, дам, кафты рæстæг зурна- йæцæгъдæгæй зурна1 райста æмæ дзы йæхæдæг кæрон- мæ фæцагъта, барабанæйцæгъдæджы фарсмæ бад- гæйæ. Фехъуыстай уый?.. Хæдзары хистæр ма дзы æндæр цы уа! Цыма, мах нæ сахъ -фæсивæдимæ ацæ- уын <цы зурнайæцæгъдæгæн бабар кодтам, уый уымæй æвзæрдæр цæгъды. — Æмæ, дам, ноджы йæхицæй æппæлыди... Æз, дам, абон къуылыхты дæр скафын кæндзынæн! — ар- даугæйæ ма загъта ноджыдæр чидæр. — Худинаджы хъуыддаг,—дзуры Сулейман хъуын- тъызæй,—стыр худинаджы хъуыддаг! Фæлæ кæд адæм махмæ уыцы Сафарбеджы цæстæй нæ ракæсиккой. И? Алчидæр æй куы зоны: Сафарбег ма лæппу куы уыдис, уæд сæрмагондæй зурнайæцæгъдæг уыд, ноджы ныр йæ фырты Сырх Æфсадмæ æрвиты — æвæццæгæн, йæ лæппуйы бонтæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты—уый тых- хæй йыл чи фæхуддзæн?.. — уыцы ныхæстæ Сулейман кæны худæндзастæй, фæлæ кæуыл худы, уый бæрæг нæу. — Æз дæр Сырх Æфсадмæ чызг не ’рвитын, мæ фырты-йæм æрвитын, — æнахуыр хъæрæй дзуры къæс- хуыр зæронд лæг, — фæлæ уæддæр æнцад лæууын. Æвæццæгæн ыл фæхудтысты, æмæ ныр адæмы æхсæн- мæ рацæуын йæ цæсгом нал хъæцы. Сулейман фæзыл йæ цæст ахаста æмæ æваст йæ хъуыдыты аныгъуылд. 1 3 у р н а — музыкалон ииструмент, уадындзы мыггаг. 278
— Бæгуыдæр, — зæрдиагæй дзуры уый. — Кæд æцæг афтæ уыдис, æмæ уыцы схъæлрихи дысон ферра ис, уæд ын тынг бауайдзæфтæ кæнын хъæудзæн... Ома, дæ лæппуйы’ бонтæ раджы куы аивгъуыдтой, уæд куыдтæ кæныс, куыдтæ, уæ, Аршин-Мал-Аллан!.. Ал- цæмæн дæр афон куы ис! — Ноджыдæр ма иу хабар,—йæ ныхас баппæрста иу æндæр зæронд лæг, фæсте чи л-æууыд æмæ йæ ас- тæу мæлдзыджы астæуы хуызæн нарæг чи æрбал- вæста, ахæм. — Дысон изæр, Сулейман, ды нæ фæси- вæдæн фæндарасты ныхас куы кодтай æмæ мах не ’ппæт дæр нæ сагсуртæн «ура» куы хъæр кодта-м, уæд æз хъусын, æмæ мæ чъылдыммæ иу зæронд ус афтæ куы бакæнид: «Кæсут-ма, кæсут, ацы гæмæхсæртæм! Базыртæ сыл базади!» Уый махæй! — Чи?! — æмхуызонæй фæхъæр кодтой зæронд лæгтæ. — Кæй ус уыди? Сулейманы цæсгом фæтар и, йæ лæдзæг йæ синмæ æрбалвæста. «Кæд, миййаг, мæ ус уыд?» Фæлæ зæронд лæг барæй æрæгмæ кæны. Дзуапп нæма радта, афтæ- мæй йæ дынджыр худ йæ сæрæй систа æмæ йæм, агмæ кæсæгау, уырдыгмæ ныккасти (ома,- цы радзырдтон, уый мæнæн мæхимæ ницы уыйас диссаг кæсы) æмæ йæ фæстæмæ йæ сæрыл æрæппæрста. — Чи сын цы равзардзæн! — æппынфæстаг сдзырд- та зæронд лæг æвæлмасхуызæй. — Да-алæ, уынут, фæндагыл схъомпал сты. Марадз, æмæ сæ равзар. Загъта-бахтагæнджытæ, ацы бонты уæ цæсгом æгæр суагътат!.. Исдугмæ ничиуал ницы дзырдта. Сулейманы фæстæ лæууыди рагон зæронд лæг, йæ къухтæ йæ кæрцы дыс- ты конд æмæ, йæ ног хъуынджын худ суанг йе ’рфгуы- ты онг уагъдæй. Ныхас цæуыл цыди, уый нæ бамбæр- ста, афтæмæй уыцы зæронд лæг æрæджиау сдзырдта: — Лæппу ма куы уыдтæн, уæд æз дæр тæлтæг бæх- тæ уарзтон. — Ехх, Межведиль, — загъта мæстыйæ Сулей- ман, — цы æмбарынц, цы, уыцы зæронд устытæ? Сæ хуыцау сын æгъгъæд фæуæд! Сулейман йæ уагыл нæ уыд, йæ цæстæнгас тызмæг- дзинад æвдыста, йæцæсгомыл та-бæрæг дардта сабыр 279
æрхæндæгдзинад. Зæронд лæгтæ та ногæй ныхъхъус сты. Фæлæ разæй уырдæм цы цъæхснаг хъæлæстæ æмæ худт хæццæ кодта, уыдонмæ гæсгæ зæронд лæг- тæ нал хъæцыдысты. Ома, цы хабар у, цæм^æн ма фæс- тиат кæнынц уым? Кæмæ æнхъæлмæ кæсынц? Уалынджы фæзы адæм базмæлыдысты, сæ рæн- хъытæ фæтæнæг сты. Лæппутæ иугай-иугай сæ бæхтæ идадзæй кæнын райдыдтой сосамæ хæстæгдæр. Уым, тæлтæг цъæх уырсы рохтыл хæцгæйæ, лæууыди тырысахæссæг, гуы- бырфындз лæппу, йæ цæсгом хурмæ кæмæн ныссау и, ахæм. Лæппутæ йæ фæстæ рæнхъытæ-рæнхъытæ æр- лæууыдысты колоннæйы хуызы нæ, фæлæ æрдæгзыл- ды хуызы, тырыса сæ астæу куыд уыдаид, афтæ. — Ныр ма сæм хæцæнгæрзтæ дæр куы уаид, — сдзырдта та гъе уыцы рагон зæронд лæг, цъынддзас- тæй кæсгæйæ æмæ йæ былтæ æууилæгау змæлынгæн- гæйæ. — Дарæс лæггæнæг у, хæцæнгарз та — хъæба- тыргæнæг. — Хаэцæнгарз нæ, фæлæ бæх! — йæ ныхас баппæр- ста æндæр зæронд лæг. — Æнæбæх лæг æнæбазыр маргъæй уæлдай. нæу. Сулейманы цæсгом æвиппайды фæрухс и. йе ’ргом зæронд лæгтырдæм разилæгау кодта, афтæмæй сын сæ цæсгæмттæм æдзынæг кæсы. — Ацы аз мах дыууæ хатты хуыздæр стæм, — дзуры уый æппынфæстаг, йæ дыууæ æнгуылдзы æвдис- • гæйæ. — Фарон æфсадмæ дыууиссæдз лæджы арвыс- там, ацы аз та — фондзыссæдзы, се ’ппæты куы ныма- йæм, уæд. Афтæ... -т- Нæ бæрæгбон хорз бæрæгбон уыд, — ногæй та райдыдта къæсхуыр зæронд лæг, — фæлæ нын нæ бæ- рæгбон Сафарбег сæнад кодта. Мах хъуамæ нæхи хын- джылæггаг кæнын ма уадзæм... Зæгъын ын хъæуы. — Бæгуыдæр, бæгуы, — разы кæны Сулейман. — Зæгъдзыстæм ын, Шахсувар,(куыддæр фæзына, афтæ... Зæронд лæгтæ æнæдзургæйæ сæ сæртæ тилынц. — Сулейман, — дзуры чидæр. — Рагæй дæ бафæр- сынмæ хъавын; зæгъ-ма: миййаг, хæст куы уа æмæ уыцы куитæ махимæ хæцыны фæнд куы скæной, уæд нæм се ’ппæт иумæ æрбабырсдзысты æви радыгай? 280
— Ехх, мардзæ, уыдонæн хъамæйæ сæ фындз ба- къуыр! — дыбал-дыбул кæны рагон зæронд лæг. — Уæд æй бамбариккой. Сулейманæн йæ зæрды ис бæстон дзуапп раттын, æмæ ууыл хъуыдытæ кæны, афтæмæй йæ галиу къухы уырзтæй куырæты дзыпмæ бапъирозмæ нывнæлдта. Фæзæй й«æ цæст нæ исгæйæ, дзæвгар фæцархайдта. Гъа ныр йæ дыууæ æигуылдзæй бапъирозыл дзæбæх ныххæцдзæнис, зæгъгæ, афтæ фестъæлфыд æмæ сагъ- дауæй аззад, йæ къух йæ риуыл æвæрдæй. Уыцы минут фæз иууылдæр æмызмæлд сси. Цæхгæрмæ уынгæй, сæ бæхты къæхты хъæр хъуысгæйæ, рацыдысты дыууæ барæджы, æмæ сæ иу, цыма йын сæны нуазæн уыд, уыйау зурна бæрзонд систа, афтæмæй æфсадмæ цæуæг лæппутæн салам радта: — Намысы хæцæнгæрзтæн хорз хицау куыд уат, уыцы арфæ уæ уæд, мæ хъæбултæ! Фæз ын дзуапп радта арвы нæрынау тыхджын къух- æмдзæгъдæй. Лæппутæ салам загътой сæ къухты тыл- дæй. Барæг тырысахæссæджы рахиз фарс æрлæууыд æмæ, йæ урс-урсид хъуынджын худ йæ сæрыл сахъ лæппуйау фæкъулгæнгæйæ, зæронд лæгтырдæм дар- дæй ракаст. — Сафарбег! — ныддис кодтой зæронд лæгтæ. — Кæс-ма! — фæхъæр >кодта Сулейман. — Дæлæ ис, дæлæ, нæ худинаггæнæг, мацы йын бантыса! — цъæхснаг хъæлæсæй фæхъæр кодта къæс- хуыр зæронд лæг. — Æмæ ноджы, мæнæ хорз адæм, йæ куырæты .æгънæджытæ æнæвæрд! — уыцы ныхæс- тæгæнгæйæ, Сулейманырдæм цырд-фæкаст, стæй уæд æваст йе ’уæхсчытæ фелхъывта æмæ йæ сæр дæлæ- мæ уагъдæй размæ бакъахдзæф кодта. Зæронд лæгтæ, уыдонимæ Сулейман дæр, æмхуы- зонæй йæ фæдыл фæцæйраст-кодтой. Фæлæ уыцы минут фæзыл айхъуысти къаманды, æмæ уæд сæ бынæтты сагъдауæй баззадысты... Лæппутæ сæ бæхтыл бадыны кой кæнынц. Бæхтæ сæ быны кафынц, сæ бæрзæйтæ къæлæтау тасынгæн- гæйæ, згъæллаггæмттæ æууилгæйæ. Барабанæйцæгъ- дæг гуырвидауц лæппу æмæ зурнаджын урссæр даргъ- рихи зæронд лæг бæхты рохтæ сæ сæргъты гопнытыл 281
æрæвæрдтой. Се ’уæнгтыл схæцыдысты, æмæ фæзы сæрмæ ныййазæлыди зурнайы цъæхснаг уаст. Урсрихи музыкант йæ сæр бæрзонд дары æмæ зурнайыл йæ дыууæ къухæй хæцы, афтæмæй йæ йæ цагъдмæ гæсгæ фидауцджын тылд кæны. Фæз æвиппайды ныссабыр и. Зурна зары араст кæныны зарæг, æмæ йæ сæрыстыр, æхсидгæ мелоди адæмы зæрдæтæй зынг ацæгъды. Зур- найы аив зæлтæ, сæуæхсидырæсугъд ахорæнтау, уæл- даэфы æрцауындзæг оты. Сæ даргъ къæдзилтæ фæхæ- цыдысты, Сулейман цы бæласы бын лæууы, уый къалиутыл, æмæ Сулейман фестъæлфыд. Уый бар- джытæм кæсы, йæ разæй цы адæм сдзыгуыр сты, ’уы- доны сæрты. Йæ лæппуйы бонтæ кæй æрымысыд, уый йæ цæстæнгасыл бæрæг у. — Межведиль, — æнæнцойхуызæй дзуры Сулей- ман, — нæ лæппутæ дæм дзæбæх зынынц? Рагон зæронд лæг, Сулейманы уæхсчы сæрты чи касти, уый дзуапп нæ радта, фæлæ архайы йæ къах- фындзтыл слæууыныл. ... Зурнайы мелоди фæфидардæр ис, цагъд фæтагьд- дæр и. Уæд ыл æвиппайды бафтыди барабаны гыбар- гыбур, æмæ фæз иууылдæр зæлтæй байдзаг, ныцца- рыдта. Лæппутæ, сæ худтæ фелвасгæйæ, сæ хъæубæс- тæн дыккаг хатт хæрзбон зæгъынц, сæ худтæ тилынц Сулёйманмæ, зæронд лæгтæм. Хæрзбон зæгъынц, сæ тæлтæг бæхты уромгæйæ. Сæрыстыр, æнæнцой тых абухы фæзы æмæ йæ бæттæнтæ тоны тыгъд быдыртæм: музыканттæ цæгъдынц балцы^зарæг, карз хъуыдыты æмæ рагон æхсидгæ цины улæфт кæуыл баззад, ахæм. ... Фæсивæд сæ бæхты ауагътой сау цыдæй. Уæл- хæдзæртты хæрзарæзтæй лæууынц чызджытæ æмæ бæлцæтты фæдыл кæсынц, сæ кæлмæрзæнты кæрæттыл сæ былты раз хæцгæйæ. Лæппутæ сæрæн бадт кæнынц сæ бæхтыл. Чызджытырдæм фæкæсынц, сæ гуыртæ нæ азилгæйæ; сæ рахиз къухты ехсытæ, афтæмæй сæ сæ сины сæртыл уæгъд æвæрд æркодтой. Сæ цæсгæмт- тыл сын æрбаулæфы фæззыгон дымгæ, къомсийы тæф хæсгæйæ. Дымгæ батилы бæхты барцыты быд ленты- тæ, тырыса уæлæмæ феппарæгау кæны. Цæхгæрмæ уынгтæй иугай-дыгай рацæуынц ног æмæ ног барДжы- ^æ, æмæ сæ алчидæр уыцы бæрæгбонхуызæй бæлццæт- 282
ты къорды æхсæн йæ бынат бацахсы. Бæхджын æфсад фылдæрæй-фылдæр кæны. Урсзачъе музыкант, зæронд лæгты рæзты цæугæйæ, йæ цагъд нæ баурæдта, йæ рихи иу къухæй хъал здыхт кæны. Йæ цæстытæ бацъынд кодта; йæ удæй цæуы, архайы хъæрдæр æмæ рæсугъддæр цæгъдыныл, йæ цæсгом ныссырх, йе ’нгуылдзтæ зурнайы хуынчъыты сæрмæ цæрдæг кафт кæнынц. Соса фæндаг бæлццæтты кæны дардмæ, цæхæрадæт- тыл, мин азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы рагон го- рæт Дербентмæ. Соса * у цæугæдоны хуызæн, гуыры фæзты, у æмраст, йæ дуртæ кæфгæсаджы цæп- пæртау æрттивынц. Бæлццæттæн дардмæ сæ цæс- тытыл уайынц горæты æнæбасæтгæ стыр мæсгуытæ. Бæлæстæ лæууынц райсомы фæлмы, æмæ сæ æртæх дæлæмæ тæдзы. Аууон р-æттæ зæххыл сауæй нæ зы- нынц, халасæй куыддæр æнахуыр урс дарынц. Афтæ- мæй хур дæр дзæбæх тавын байдыдта. Бæхтæ сæ бар- джыты бын кафынц, фæромæ цæуын байдайынц, сæ фæстæгтыл алæууынц. Лæппутæ сæ сæ домбай къух- ты змæлдæй сабыр кæнынц... Уæд Сулейманæн йæхи бауромын йæ бон нал ба- цис æмæ, чи байрæджы кодта, иу ахæм барæг фæзы куы ауыдта, уæд адæмыл фæйнæрдæм акæстытæ кодта. — Бæх ардæм ракæ! — барджын хъæлæсæй хъæр кæны уый, æмæ йæ цæсты хаутæ зыр-зыр кæнынц. — Гъей, Урусби, бæх ракæн ардæм! Раст уыцы минут бæлæсты сыфтæ згъæлын бай- дыдтой, цыма цæхæрадæтты сæрмæ азæлæнтæ цы зарæг кодта, уый сисфæлыст уыдис, уыйау. Зæронд лæгтæ æгуыппæгæ’й лæууыдысты. Адæмы астæуæй ра- къахдзæфтæ кодта зæронд ус, Сулейманы бинойнаг, хæстæг æм бацыд æмæ йæ къух йæ лæджы уæхскыл хъавгæ æрæвæрдта. — Иуварс!—дзуры Сулейман. — Ныртæккæ ам хъазыныл ничи у! Гъа, мæ лæдзæг хæсгæ!1 Бæх æм бакодтой, æмæ Сулейман саргъмæ сæрæн хызт скодта. Ехс дард фæхаста, фæлæ бæх, цæфмæ не ’ихъæлмæгæсгæйæ, размæ асæррæтт ласта. Сулейман бæлæстæй згъæлæг сыфты бур тымыгъ байгæрста. йæ 283
сæр дæлæмæ уагъд. Бæласы сыфтæ йæ сæрмæ зилдух кæнынц... Фæлæ æвиппайды йе ’уæитыл схæцыд. Бæх фæу- рæдта æмæ кæсы фæстæмæ, хъæумæ, сæрæнхуызæй æгъдынцæйттыл слæугæйæ. Цæхæрадæтты астæу хъæу уæлæмæ бæрзонд фæцыд, раст цыма денджызы астæу айнæг къæдзæхджын сакъадах у, уый хуызæн. Дæле ныр дæр ма сагъдауæй, æгуыппæгæй лæууынц зæронд лæгтæ. Сулейман нæма раст кæны. йæ бæхы фæзылдта галиуырдæм, рахизырдæм, цалдæр хатты йæ фесхуыс- та, йæ къухты ахаст ын бамбарын кодта, стæй уæд фæстæмæ фездæхт. Зæронд лæгтæн сæ тажкæ цурмæ бацыд. Йæ цæстытæ — ирд, йæ цæсгом — карзхуыз. — Шахсувар, — уæлбæхæй дзуры уый, адæмæй иуварс цы къæсхуыр лæг лæууы, уымæ,—уый æнхъæл ма у, æмæ æз æрра фæдæн. Нæ! Цæмæй йæ зоныс, кæд æз, миййаг, уыцы даргърихи Сафарбегæн иу дыууæ ныхасы зæгъынмæ хъавын... йæ куырæты æгънæджы- тæ куыд сæвæра, афтæ!.. Уæд рынчынхуыз рагон зæронд лæг йæ дыууæ къу- хы дæр уæлæмæ куы сисид æмæ хъæрæй афтæ куы бакæнидТ — Мæ хъæбул Сулейман... æз мæхæдæг дæр, бæр- гæ. Гъæй-джиди, ацы цæлмартæн мæ куы нæ хъыг- дарид!.. — Зæронд лæг йæ ныхас фæурæдта, фæлæ байрæджы кодта: адæм алырдыгæй ныккæл-кæл код- той. — Зæронд устытæ! — кæуынхъæлæсæй хъæр кæны уæд лæг. — Ахъуытты ут ардыгæй! Цæуыл худут, цæуыл? — æмæ сæм тымбылкъухæй додой кæны. Иннæ зæронд лæг, йæ астæу мæлдзыджы астæуы хуызæн æлвæст кæмæн уыд, уыТй та ныр дæр йæ дын- джыр худ йæ сæрæй фелвæста, æцæг ын ацы хатт, æвæлмасдзинад равдисыны тыххæй, йæ хуылфмæ нал ныккаст, фæлæ йæ зæххыл нытътъæпп кодта. — Уæд мæ хуыцау амарæд, — хъæр кæны уый Сулейманы фæдыл, — уæд мæ хуыцау амарæд, кæд мæн дæр хъуыддаг нæй!.. Фæлæуу мæнмæ, Сулеи- ман! Уæсхъус рагон зæронд лæг чи у, уый та, йæ хус 284
былтæ астæр-астæргæнгæ æмæ йæ мидбынаты йæ къæхтæ райс-байсгæнгæйæ, хъуыр-хъуыр кæны: — Хæцæнгарз ма сæ хъуыдис, хæцæнгарз, мæ хъæубæстæ!.. Иннæтæй ничи ницы дзуры, нæма æрномыл сты. Фæлæ Сулейман ницы уыны æмæ ницы хъусы. Уый йæ цыды кой кæны, фæстæмæ нæ кæсгæйæ, цæуы раз- мæ, райсомы фæлмы, æрыгон барджыты тымбыл худ- тæ дардыл фæйлауæнтæгæнæг сырх тырысайы фарс- мæ хæрдмæ фæхау-фæхау кæм кæнынц, уыцырдæм. Уый цæуы, бæхы рохтыл фæстæмæ хæцгæйæ, лæппуты не ’ййафгæйæ, уыдонæй дæрддзæфгомауты, саргъыл сæрыстырхуызæй бадгæйæ, хъæубæсты кадджын хица- уæн куыд æмбæлы, афтæ. Æмæ йæ иувæрсты ленк кæны Шамилы заманты тохы зарæг, фæззыгон рæу- уон уæлдæфы тайгæйæ... А д æ м 1. Азæлд Хъæуы астæу фæз адæмæй — йедзаг. Адæм тыгуы- рæй лæууынц, хъæусоветы агъуысты раз цы бæрзонд трибунæ зыны, сау æмæ сырх хъуымæцтæй фæлыстæй, уый алфамбылай. Урсзачъе зæронд лæгтæ æмæ лæппу- лæгтæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ — лæууынц æгуыппæгæй. Трибунæйæ ныхас кæны Сулейман. Йæ цæсгомыл бæрæг дары стыр хъыгзæрдæдзинад. Фæз ныссабыр и. йæ рæзты чидæриддæр фæцæй- цæуы, уыдон æнæдзургæйæ хæстæг бацæуынц æмæ адæмимæ лæугæйæ баззайынц. Фæндагыл, фæзмæ ба- цæуæны, зыны уæрдæттæ, сæ цæлхытæм æд саргъ бæх- тæ баст. Дардæй, дыргъдæтты фалейæ, хъуысы фыс- ты уасын. Фæзы иувæрсты уырдæм ацыди фысты дзуг (уыцы афон фиййæуттæ сæ фосы фæстаг дзугтæ фес- къæрынц зымæгон хизæнтæм). Фысты дзуг ацыди, фæ- лæ ма зæронд фиййау фæзы лæууы, къахахсæн даргъ лæдзæгыл æрæнцой кæнгæйæ... Адæмæй сæ хъуыддæгтæ ферох сты. Сходмæ æр- цыди къорд сæдæ адæймаджы æмæ иууылдæр ныхъ- 285
хъус сты, уыдоиæн се ’ппæты зæрдæтæ дæр агайы уь1- цы-иу маст. Адæм æнцад лæууынц, алчи йæ размæ тарæй кæсгæйæ, æмæ сæ уæззау уæлдзарм худтæ сæ ныхтыл ныллæг æруагътой. Хæххон адæм мардæн æгъ- дау гъе уыцы хуызы фæдæттынц. Сулейман бæрзонд трибунæйæ фæзыл йæ цæст ахæссы, дзуры æнцадгай, дзуаппæй, æмæ йæ ныхас алырдæм хъуысы хорз. Йæ фæстæ, трибунæмæ схизæ- ны къæпхæнтыл лæууынц колхозы сæрдар æмæ рай- комы секретарь, — уый горæтæй ныртæккæ æрбахæц- цæ. Уыдон дæр лæууынц, инпæты хуызæн сæ размæ кæсгæйæ. — Мæ хъæубæстæ! г— дзуры Сулейман, йæ иу къух трибунæйы гæзæнхъæдыл æвæрдæй, æмæ бæрæг у, йе ’нгуылдзтæй хъæбæр хъæдыл куыд ныззæгæл ис, уый. — Мæ маст мæ хуылфы нал цæуы! Ардыгæй, мах хъæуæй, Ленинградмæ ис мингай верстытæ, фæлæ уы- цы-фæндаг фырмæстæй фыцгæ кæны. Чи у уыцы цъам- мар, нæ паддзахады хардзæй къæбæр чи хордта, уый? Знагæн йæ фæстаг хиндзинад хæлардзинад вæййы. Мæнæ адæм, куыд ферох кодтам мах уый? Знаг та йæ сæр сдардта. Абонæй фæстæмæ уымæн хъуамæ æппын- дæр хатыр мауал уа! Уыцы цъаммартæ сæхицæн рага- цау мæрддзæгтæ сцæттæ кæнæнт, уымæн æмæ махæн нæ’маст уыдзæнис, уад-дымгæ æмæ сах-къæвда иумæ куыд вæййынц, афтæ сау. Цæхх чи бахæра, уый дон фæнуазы. Æнæ афтæ йын хос нæй!.. Цавæр хабар нын фехъусын кодтай ды, райкомы секретарь? Æз ногæй мæ алывæрстæм акæсын. Ау, знаг нын нæ амондджын цардмæ йæ къух систа? Киров фæмард и, зæгъыс ды?.. Нæ мæ бауырныдтаид, фæлæ æыамонд хабары азæлы- нæй хæхтæ ныццарыдтой, æмæ нын æй уый дæр фе- хъусын кодта. Уый нæм сиды — о, о! — маст райсын- мæ! Нæ хъусты цы гыбар-гыбур не ’нцайы, уый зæйы гыбар-гыбур нæу. Мæ хъæубæстæ! Нæ, нæ, — гыбар- гыбур зæххы хуылфæй цæуы. Абонæй фæстæмæ не ’знæгтæн хатыр нал ис! Мин хæлары дын куы уа — уый чысыл у, иунæг знаг дын куы уа — бирæ у! Мах нæ ног цард, миййаг, фæндагыл ссардтам, æви сæ ,ныфс куыд бахастой уымæ сæ къух сисынмæ? Амонд »мах æнцонæй не ’ссардтам, æмæ нын æй ничи байс- 286
дзæн! Адæмы мастæн йæ азæлд хæхтæ арауы, — заё- гъыи æз, — æмæ уый канд æгæсты маст иæу, уый у мæрдты маст дæр, йæ туг ист кæмæн не ’рцыд, уыдоны маст дæр... — Сейфулайы тыххæй зæгъ, зæгъ Сейфулайы тых- хæй! — хъæрæй йæм дзуры, адæмы дзыгуыры разæй цы тынг зæронд лæг лæууы, уый. йæ цæстытæ зы- нынц тымбыл, йæ къух зыр-зыр кæны. Сулейман йæ цæстытæ æрхæндæгæй дæлæмæ æр- уагъта. — Сейфулайы тыххæй дæр зæгъдзынæн,—сдзырд- та уый иу чысыл æдзæмæй алæууыны фæстæ. — Дæ хистæр фырт дæр нæм, Хан-Буба, абон сиды йæ туг райсыны тыххæй: уый дæр гъе ацы знæгтимæ тохы фесæфти, гъе ацы цъаммарты къухæй!.. Стæй нын абон Гирей-ханы æрымысын дæр не ’мбæлы? — фæр- сы Сулейман. — Æмбæлы, — саст хъæлæсæй дзуапп дæттынц адæм. — Æниу Сурхай Омары туг нæ кæлы? Уыцы дер- бентаг батрачы туг? Фыдхъизæмæрттæ кæмæн бавза- рын кодтой, уыцы партизаны туг? — Бæгуы, бæгуы,—дзуапп дæттынц фæзы адæм,— кæлы! Сулейман иу къахдзæф фæстæдæр алæууыд, ныф- фæлурс и, афтæмæй йæ къухæй дардмæ ацамыдта къуылдыммæ. — Уа-артæ уым, — загъта уый, æмæ адæм се ’ппæт дæр иу адæймаджы хуызæн сæ сæртæ уыцырдæм азылдтой. — Фынддæс азы рацыди уæдæй ардæм, фæ- лæ ауындзæн кæм арæзт уыд’, уыцы ран ныр дæр кæр- дæг нæма зайы. Бейбулаты мард зæххы бын цъæх арт уадзы! Цæй тыххæй марди уый, йæ цæсгом митау урс, афтæмæй йæ къæхты бын æвæрд асыкк йæхæдæг куы акъуырдта æмæ æххуырст лæгмарæн йæ цæстытыл куы бату кодта, уæд?! «Сымахæн дæр хатыр нæ уыдзæн! — загъта сын уый. — Сымахæн уæ мæлæт — мæнæн мæ цард!» Сулейман æвиппайды йæ къух уæлæмæ систа æмæ, цыма йæ зæрдыл ноджыдæр цыдæр æрбалæууыд, уы- йау адæмыл йæ цæст ахаста. Фæлæ уайтагъд йæ ны- 287
хас йæхæдæг фæлыг кодта, æмæ йæ къух уæлдæфы иуцъусдуг ауыгъдæй аззад... Трибунæйы рахизфарс, сылгоймæгтæ кæм лæууынц, уым иу ус йæ цæсгом тар кæлмæрзæнæй бамбæрзта, афтæмæй кæуы, æмæ адæмы æхсæнæй чидæр йæ къу- хæй Сулейманæн уыцы усмæ амоны. — Шуанат, Шуанат, — сабыргай дзурынц зæронд лæгтæ, — ма ку, дæ рын бахæрæм... Сулейман æнцадгай йæ сæр дæлæмæ æруагъта. — Шуапат, — дзуры уый, йæ хъæлæсы хатт аив- гæйæ, — æз ницуал зæгъын. Иуцасдæр æнæдзургæйæ алæууыд æмæ, сылгой- магмæ кæсгæйæ, йе ’рфгуытæ æрбалхынцъ кодта. — Бейбулат дæуæн куыд уыдис, афтæ махæн дæр не ’фсымæр уыд, — дзуры та Сулейман, æвиппайды йæ сæрыл уæлæмæ схæцгæйæ. — Ардыгæй дард ран, Ленинграды, амардтой, зæххыл рæстдзинад сæвæры- ныл, знæгты басæттыныл чи тох кодта, нæ ног цард саразыны хъуыддаджы партийæн чи æххуыс кодта, ахæм лæджы!.. Уый маргæйæ, знаг амардта, больше- вик-бинонтæн сæ хистæр æфсымæры. Æмæ уæд æпæ æрымысгæ нæй, гъе уыцы знаджы къухæй, гъе уыцы хъуыддаджы сæраппонд ма ноджыдæр чи фесæфти, уыдоны нæмттæ дæр. Ды кæугæ ма кæн, Шуанат, — нæ хъæуы! Сулейман фæзыл йæ цæст ахаста æмæ йæ къухтæ трибунæйы гæзæнхъæдыл тызмæг уагъд æркодта. — Ныр фынддæс азы цæуæм размæ мах, — дзуры уый мæстджынæй. — Æмæ нæ цырыхъхъытыл цъыф ныххæцыд. Нæ къах æртъæпп кæнæмут, зæхх куыд бариза, афтæ! Æрлæууæмут! Хъæбатыр Кировы, бæ- гъатыр Кировы амардæуыди, и? Гъе афтæ, мæ хъæу- бæстæ! Сулейман йæ хъуынджын худ йæ сæрæй фелвæста, .йе ’уæнгтыл схæцыдис, афтæмæй иу минуты бæрц æнæ дзургæйæ адæммæ йæ цæсты дзагæй кæсы. — Уый уырыссаг уыдис, нæ хистæр æфсымæр Ки- ров,—дзуры Сулейман, æмæ йæ хъæлæсы æваст хъуы- сын байдыдтой стыр зæрдæхъыджы зæлтæ. — Уырысы æгъдаумæ гæсгæ, адæм марды раз сæ худтæ сисынц, а?мæ уыцы рæстæг хъуамæ музыкæ тæфæрфæсы цагъд 283
кæнид. Махмæ музыкæ нæй. Нæ мæгуырдзинад нын ныббар, Киров! Сулейман йæ худ иукъухæй йæ риумæ балхъыв- та, æмæ адæм се ’ппæт дæр, уымæ кæсгæйæ, сæ худтæ систой. Фæзы иу сыбыртт дæр нал хъуысы. Сылгой- мæгтæ сæ сæртæ æруагътой. Зæронд лæгтæ, сæргуыбы- рæй, с& къæхты бынмæ кæсынц. Афтæ зыны, цыма уы- цы минут бæстæ иууылдæр сиу ис æмхуызон зæрдæ- хъыджы — адæм дæр, дурæй амад хæдзæрттæ дæр æмæ, зымæгон мигъ сабыргай кæм фæлæсы, уыцы бæгънæг дыргъбæлæстæ дæр. Адæм сагъдауæй лæу- ^уынц трибунæйы алыварс, æмæ Сулейманы цæсгомыл бæрæг дары йе ’рхæндæгдзинад... \ Уалынджы фæзы кæронæй æрбайхъуысти цавæрдæр æнахуыр зæлтæ, æмæ.бынтон æнæсыбыртт фæзы уы- дон зæлын байдыдтой, цыма стыр тархъæды хъуыстыс- ты, уыйау. Райдианы адæймагм’æ афтæ фæкаотаид, цыма æддозгомау кæмдæр чидæр æнкъард зарæг зары, йæ дзых æмыр æхгæдæй даргæйæ. Фæлæ зарæг цадæг- гай тыхджындæр кæнын байдыдта, æмæ ныр йæ зæл- тæ зæрдыл лæууын кæнынц флейтæйы цагъд, стæй ма дзы фехъуысы, мæнæ авджы дыз-дызæй цы рог дзæгъ- дзæгъ ахæлиу вæййы, ахæм зæлтæ дæр. Сулейман хъу- сы æмæ æнæзмæлгæйæ лæууы, афтæмæй йæ цæстæн- гас сындæггай фæндаджырдæм аздæхта. Фæзы кæрон, йе ’ргом трибунæйырдæм æрдæгыздæхт, афтæмæй лæу- уы, йæ дзуг дзæвгар раздæр кæмæн аивгъуыдта,уыцы фиййау. Фиййау лæууы æнæзонгæ адæмы æхсæн, адæ- мы тыгуыры астæу. Йæ урсхил сæр дæлæмæ æруагъ- та, «авмæ ’йын Сулейман йæ цæсгом нæ уыны. Зæронд лæг цæгъды уадындзæй, йæ дыууæ къухæй йыл хæц- гæйæ, уадындзы кæрон йе ’уæхсчырдæм арæзтæй. Х’Ьуынджын худ æмæ къахахсæн даргъ лæдзæг лæу- уынц зæххы. Фиййау цæгъды зæрдæбынæй, йæ удæй цæуы, æмæ уадындзы дæргъвæтин хъарм зæлтæ фæзы сæрмæ ленк кæнынц уарыны æртæхтау. Адæмæй фе- змæлын дæр ничиуал уæнды, афтæмæй лæууынц. Уыцы цагъды уый бæрц бирæ æрхæндæг, ахæм стыр зæрдæ- хъыг хъуысы, æмæ Сулейман нал бафæрæзта, йæ къух бæрзонд систа æмæ йæ худ тилы. — Æгъгъæд! Гъей! — хъæр кæны уый фиййаумæ, 19 Дагънстайиаг зæрингуырдтæ 289
фæзы иннæ кæронмæ. — Дæ фæндаджы куыст кæп! (Иæ цæсгом йæ хуыз афæлывта.) Фендзыстæм, кæд- дæра фæстагмæ чи кæуид! — дзуры уый, йæ дæндæг- тæй йæ был æхсынгæйæ. Æмæ адæм се ’ппæт дæр, уы,й фæзмгæйæ, сæ худтæ ныккодтой. Фæз фæтархуыз и æмæ, фыдбоны ден- джызау, фыцын байдыдта. Фæз иууылдæр гуыв-гуыв сси. Уыцы гуыв-гуыв, азæлгæйæ, хæлиу кодта хъæуы алфамбылайы дыргъдæттыл... 2. Хицаудзинад Цæмæн æрæмбырд сты уыцы бирæ дзыллæтæ, хохы фахс сæрæй-бынмæ хуртуанау кæмæй байдзаг ис, уы- дон? Адæмæй чи лæугæ кæны, чи бадгæ, афтæмæй хохы фахсыл уæгъд гæппæл нал баззад; се ’ргæмттæ сты къардиуырдæм арæзт — уым ныхас кæны стæвдтæ конд саулагъз æрыгон лæппу. Лæппу дзуры адæммæ, йæ ныхыл хид цæппузыртæ сбадти. йæ фарсмæ, къар- диуы был, лæууынц урсзачъе кадджын зæронд лæгтæ. Æнуд сæрдыгон бон, дымгæйы уддзæф сæм никæцыр- дыгæй хæццæ кæны... Фыццаг заманты-иу æдзухдæр кæрæдзимæ хæрам чи уыд, ахæм цыппар хъæуы цæрджытæ ныр æрæм- бырд сты, æвирхъау хус рæстæг кæй скодта, уый фæ- дыл. Ныр цыппæрæм къуыри арвæй иу æртах нал хауы. Хуымтæ судзынц; фыццаджыдæр судзынц ног, иумæйаг хуымтæ, ацы аз æнæдон атагъайы кæй бай- тыдтой, уыдон. { ... Сход йæ тæмæнмæ бахæццæ. . — Шахсувар раст нæу! — хъæр кæны æрыгон лæппу, йæ къух тилгæйæ. (Лæппу къардиуы был лæууы, цыма трибунæйыл ис, уыйау, хохы фахсыл чи байдзаг ис, уыцы адæм æй иууылдæр уынынц). — Бай- хъусут мæм, æмбæлттæ, æрмæст^нæ дзырд иу скæнæм, уый йедтæмæ нын ацы хус рæстæгæй ницы тас уыдзæн, схос ын кæндзыстæм! Уæртæ уыцы хохæй Стыр суадон рауадзын хъæуы æнæдон атагъамæ. Кæсут-ма уе ’ппæт дæр... — Куыд? Иу хохæй иннæмæ? — алырдыгæй, йыл яыддис кодтой цалдæр лæджы. 290
— 0, иу хохæй иннæмæ! — хъæр кæны лæппу. — Иу къулæй иннæмæ цæджындзтыл æвæрд хиды хуы- зæи саразынæн æмæ йыл стыр нук ауадзынæн фондз боны йедтæмæ нæ хъæуы! Науæд — сæфгæ кæнæм! Кусдзыстæм æхсæвæй-бонæй, иу адæймаджы хуы- зæн... Баууæндут мыл, хорз адæм, нæ бон бирæтæ ба- кæнын у!.. Уыцы минут цыма кæщæйдæр дымгæ æрбзтахт, уы- йау хохы фахс суынæр кодта, сгуыв-гуыв кодта, æмæ бæстæ дзолгъо-молгъо сси. Хохы фахс кæмæй нал зы- ны, уыцы дзыллæтæ иууылдæр сызмæлыдысты, схор- хор кодтой. — Цытæ дзуры уый? Сæрра и! — Раст зæгъы, раст! — Ныртæккæ хъазыныл не ’стæм, ма кæнут! — Æмбæлттæ! — йæ удæй цæугæйæ хъæр кæны лæппу, дзолгъо-молгъогæнæг адæм æй куыд фехъусой, афтæ. — Æрмæст ма йæм кæсгæ акæнут: мæнæ ацы къулыл — Стыр суадон, уæртæ уыцырдыгæй та — æнæ- дон атагъа. Се ’хсæн æрмæст — мæнæ ацы ком. Ау, мах... — Ком дыл йæхæдæг худы, йæхæдæг! — хъæр кæ- ны кæйдæр цъæхснаг хъæлæс. — Нæ йæм кæсут, дон хæрдмæ цæуын кæны! — Бæгуыдæр æй ацæуын кæндзыстæм! — уыцы тæвдæй дзуры лæппу. — Ацæуын æй кæндзыстæм, фен- дзынæ! Сабыр ныхæстæ æмæ хъæртæ сиу сты, хъуысы æр- мæст гуыв-гуыв. Уыцы гуыв-гуывы лæмæгъ азæлд хъуысы æввахсдæр комæй. Цавæрдæр æнæнцой, фæлæ æмбæхст тых æнхъизæгау кæны адæмы æхсæн. — Ай нын цытæ дзуры? Цавæр хидтæ æмæ нукты кой кæны? — Уым æппындæр диссагæй ницы ис, — хъæр кæны лæппу æмæ та йæ хид асæрфы. — Байхъусут мæм, сразы ут, æмæ уын мæ сæр лыгмæ дæттын... Горæты дзæгъæлы нæ фæцахуыр кодтон. Баууæндут мыл: кæнæ нæ ног хуымтæ иууылдæр фесæфдзысты, кæнæ та Стыр суадон хохæй комы сæрты иннæ фарсмæ ауадздзыстæм! Мауал дызæрдыгтæ кæнут, хорз адæм!.. 291
— Уый фондз бопмæ? — æрбайхъуысти фæстæр- дыгæй кæйдæр дзурын. — 0, фондз бонмæ! — уыцы тæвдæй дзуапп дæт- ты лæппу. — Æндæр гæнæн нын нæй. Ау, куыннæ йæ æмбарут? Хур нын нæ хуымтæ басудздзæн! — Мæхæмæт, кæд, миййаг, æрра сдæ, — æрбай- хъуысти та гъе уыцы адæймаджы сабыр, фæлæ бæл- вырд ыыхас. Лæппу фæкъуызæгау кодта, фæстæрдæм ракаст. Уым, урсзачъе зæрæдты æхсæн, схъæлæй лæууыди къæсхуыр зæронд лæг, æмæ æвæлмастæй йæ размæ касти. Иæ цæстæнгасыл бæрæг уыд, лæппу йæ цæсты æгад кæй уыд æмæ дзы ахынджылæг кæнынмæ кæй хъавыд, уый. Иннæтæ иууылдæр ныхъхъус сты. Чысыл раздæр уыдон сæхи мидæг цæттæ уыдысты бæрæг уынаффæ рахæссынмæ, фæлæ та ныр æнæныфсхуызæй лæууынц, хъыпп-сыпп нал кæнынц. — Р1е, лæппу, лæппу, — уайдзæфгæнæгау дзуры зæронд лæг, — цы нæ хоныс ды, цы? — Адæм уæ хонын, адæм! — дзуапп дæтты лæппу, сырх-сырхид афæлдæхгæйæ. — Кæс-ма, мæ фыды хай: ацы ран цыппар хъæуы æрæмбырд сты. Фыццаг за- маны адæм сæ хъарутæ абарыныл фæлваргæ дæр ни- куы кодтай. Уæ кæрæдзимæ хæрам куы уыдыстут, нал- æй хъуыды кæнут? Алчидæр уæ иунæгæй тухитæ код- та, фæлæ ныр та... Ныр та уæ стыр тых рауадис, стыр тых, уæхæдæг дæр æй куы уынут... — Ныууадз, — йæ къух мæстыгæр уыгъд акодта зæронд лæг. — Цавæр тых? Ды цы сфæнд кодтай, уый бакæнынæн мæнæ ацы хохыйас тых хъæуы. Адæйма- джы сæры >цы нæ хъуыды февзæрдзæни? Нæ хуымтæ фесæфтысты, æмæ сын гæнæн нал ис. Æнæдон атагъа- йы хуым кæнын нæ хъуыдис, уымæн æмæ дзы фадат нæй. Ныр ын нал схос кæндзыстæм. Уый дын æз зæ- гъын, æз, Шахсувар! — Фæлæуу-ма, — фæджих и лæппу. — Уый куыд цæуы? Ды æппæт адæмы номæй дзурыс æви дæхи но- мæй? Зæронд лæг йе ’уæхсчытæ фелхъывта. — Нæ хорз хистæртæ! — адæргæй хъæр кæны уæд (Лæппу, зæронд лæгтæм дзургæйæ. — Сымах ма йын 292
зæгъут. Урсзачъе лæгимæ адæмы раз быцæу кæнын мæнæн нæфидауы. Фæлæраст нæ дзуры! Ау, нæ ног хуъштæ фесæфын бауадзæм? Сымах-иу уæ рæстæджы куыд амæлттæ кодтат? Зæгъут-ма, ардæм та ма уæд цæмæн æрæмбырд стæм?.. Зæронд лæгтæ хъуынджынæрфыгæй лæууынц. Сæ цæсгæмтты ахастыл бæрæг у, лæппуйы тæлтæгдзинад сæм хорз кæй нæ кæсы, йæ ныхæстыл ын кæй пе ’ууæн- дыиц, уый. — Мах рæстæджы?—дзуры та гъе уыцы къæсхуыр зæронд лæг. — Мах-иу, лæппу, нæ рæстæджы балæгъ- стæ кодтам хуыцауæн, æмæ нын хуыцау æххуыс кодта: уæртæ-ма нæ комы хистæры бафæрс,—æмæ йæ сæрæй ацамыдта, æддозгомау дурыл гуыбырæй цы рагон зæ-/ ронд лæг бадтис, уыйырдæм, — бафæрс-<ма йæ, уый дьгн радзурдзæн... — Хуыцауы ном дзырддаг ма кæнут! Хуыцауы ном дзырддаг ма кæнут!—æвиппайды æрбатыхсгæйæ æмæ йæ дыууæ къухы дæр лæгъстæгæнæгау уæлæмæ сис- гæйæ, фæхъæр ласта цыппар хъæуы хистæр. (Зæронд лæг тыхамæлттæ кодта сыстыны тыххæй. Лæдзæгыл цы къухæй æнцой кодта, уымæн йæ зыр-зыр цыди.) — Хуыцауы æнцад уадзут, кæннод æз скæудзынæн... Цалдæр зæронд лæджы йæ цурмæ бацыдысты æм? йын иæ дæлæрттыл хæцынц. — Нæ быцæу кæнæм, нæ, Межведиль, — тарæр- фыгæй дзурынц уыдон. — Нал быцæу кæнæм. Зæронд лæг та дурыл йæхи æруагъта æмæ сæр- гуыбырæй бады, тыхулæфт кæнгæйæ. — Æз лæппулæг куы уыдтæн, — хъуыр-хъуыр кæ- ны уый, — уæд хуыцау мæн бирæ уарзта... Уыцы минут зæронд лæгты æхсæнæй райхъуысти барджын ныхас: — Зæгъыны бар мын ис? Адæм ныссыпп сты. Иууылдæр сæ цæстæнгас аздæх- той къардиуырдæм. Зæронд лæгты æхсæнæй сабыргай, йæ лæдзæгыл æнцойгæнгæйæ, рацыди Сулейман. Æрлæууыди къардиуы был. Лæппу æфсæрмхуызæй фæстæдæр алæууыд, бынат ын суæгъд кодта. Сулей- ман истугмæ æнцад лæууыд, сагъæсхуызæй йæ размæ кæсгæйæ, цыма йæ хъуыдытæ æмбырд кодта, уый хуы- 213
зæнæй. Иу къухæй лæдзæгыл æнцой кодта, иннæмæй та йæ риуы дзыпп сгæрста. — Шахсувар, — сдзырд’та уый æваст. — Дæ къæх- ты. бын зæхх нæ судзы, мæ сыхаг? Дзыллæтæ æгуыппæгæй лæууыдысты. — И? — бафарста Сулейман æмæ йæ сæрыл уæл- дæр схæцыд. Фæрсгæ бакодта, зæронд лæгмæ нæ кæс- гæйæ, фæлæйæм йæ хъус дардта. Зæронд лæгтæ, уы- донимæ цыппар хъæуы хистæр дæр, дисгæнгæ сæ къубæлттæ сивæзтой, афтæмæй кастысты Сулей- манмæ. — Æз дæу фæрсын, Шахсувар! — мæсты хъæр фæ- кодта уый æмæ йæ лæдзæгæй зæхх æркъуырдта. — Дис дыл кæнын! — уыцы хъуынтъызæй сдзырд- та зæронд лæг, — цы нæ хоныс ды мах не ’ппæты? — Афтæ, афтæ! — батылдта йæ сæр Сулейман æмæ йæм цъынддзастæй бакасти. йæ былтæ афæлурс сты. — Уæдæ, ды цы зæгъай, уымæй дарддæр ацы адæ- мæн æндæр ницыуал зæгъæн ис? Æдзæсгом лæгæн йæ цæстытыл бату кæн, уый сæ асæрфдзæн æмæ зæгъ- дзæни: «къæвда уары». Ницы йæм фæхъары! Цæмæн нын сæттыс абон нæ ныфс, нæ зæрдæтæ? Æз дын уый нæ ныббардзынæн, Шахсувар, æз дын дæхи асæт- дзынæн!.. Æмæ, уыцы ныхæстæ зæгъгæйæ, Сулейман адæмыл йæ дæст ахаста. — Рацу-бацу кæнын, мæ сыхæгтæ, æмæ а,й цы ха- бар у, зæгъгæ, хъынцъым кæнын, — загъта уый мæст- джынæй. — Мыдыбындзытæ сæфынц, кæрдæджытыл, хортыл ницыуал арынц. «Дон, дон!» — хъæр кæнынц хуымтæ. Зæххæн йæ хъæлæс куы ныххус æмæ йæ хæ- лиуæй куы дары, уæд цæуылнæ исты дзурут? Ау, бам- барыны афон нын нæма у? Мах ма хицæнтæй куы цар- дыстæм, уæд нæ къух армыдзаг сыджытмæ дæр тых- хæйтты æххæссыд, фæлæ ныр æмвæнд-æмзондæй цæрэам, ньгр тыхджын стæм, æмæ нæ къух алцæмæ дæр æххæссы. Мæхæмæтæн йæ цæрæнбон — бирæ! Хорз æрхъуыды кодта! Сæрдарæн дæр æй хуымæтæджы нæ равзæрстам!.. Зæгъут-ма мын, мæ сыхæгтæ, гъе ныр мах ардæм æрæмбырд стæм цыппар стыр хъæуæй, иу ;хъуыддаджы фæдыл. Æмæ нæ зæхх дæр иу куы у æмæ 294
нæ мæт дæр, уæд, ау, цыппар хъæуæй мах афтæ æнæ- хъару стæм? Цæйут-ма, нæхимæ æркæсæм!.. Сулейман йæ лæдзæг бæрзонд систа æмæ хъæрæй бафарста æппæт адæмы: — Мæн уе ’ппæт дæр уынут? — Уынæ-æ-æм! — æмхуызонæй йын дзуапп радтой адæм. — Уе ’ппæт дæр мæ хъусут? — Хъу-у-усæм! — ныййазæлыди хохы фахс сæрæй- бынмæ. — Уæдæ хорз! — загъта уæд Сулейман. Йæ лæдзæг дæлæмæ æруагъта æмæ фæстæрдæм ракаст. — Зæгъут- ма, мæ сыхæгтæ, уыцы хохæй цы суадон цæуы, уым дон бирæ ис? — Бирæ, бирæ! — схор-хор кодтой зæронд лæгтæ.— Дæхæдæг дæр æй хорз куы зоныс. Къамбецы хæрдмæ сæппары. Зæххы бынæй æнæхъæн фурд куы кæлы!.. — Æмæ, уæдæ, дзы нæ хуымтæ бафсадыны фаг дон ис? — Ис, уæлдайджынтæй! — /хъæр кæнынц адæм. — Белтæ нæм ис? — И-ис! — Киркатæ, ломтæ, зæгæлтæ, фæрæттæ, фæйнæ- джытæ, тел, — æппæт уыдæттæ нæм ис? — Ис нæм алцыдæр! — ныййазæлыдис та бирæ адæмы хъæр. — Хорз! — цинхуызæй дзуры Сулейман. Æмæ ху- ры тыххæй йæ цæстытæ фæцъындгæнæпау кодта, аф- тæмæй уæлæмæ скаст. — Гъе, амонд, кæдæм цæуыс? Адæм æмзæрдæйæ кæм цæрынц, уырдæм!.. Гъей, дом- байдзинад, кæдæм цæуыс? Адæм æмвæнд-æмзондæй кæм архайынц, уырдæм!.. Æмæ уæд, цымæ, мах цавæр адæм стæм? Уыцы хъуыддаг бакæнын нæ бон у æви иæ? Зæгъ-ма ды, Шараб! — Сулейман дзуры, къулыл æм æппæтæй хæстæгдæр цы лæг лæууы, уымæ.—Зæгъ- ма, ныртæккæ ды цæуыл хъуыды кæныс? Сулеймян кæмæ дзуры, уыцы стæвдтæ конд сауза- чъе лæг йе ’рфгуытæ æрбалхынцъ кодта. — Æз, — фæсус хъæлæсæй загъта уый, — æнхъæл- мæ кæсын, адæм цы бауынаффæ кæндзысты, уымæ. Æндæр гæнæн куы нæ уа, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, 295
стыр донæн дæр аздахæн ис. Бæгуыдæр... Фæлæ æнцон хъуыддаг нæу! Тæрсын, нæ бон куы нæ бауа!.. — Ды та? — фæрсы Сулейман, æмæ йæ лæдзæгæй иннæрдæм ацамыдта, йæ комкоммæ чи фæци, ахæм лæгмæ. — Зæгъ-ма, Муртуз, дæумæ та куыд кæсы? Цъæхдзаст тарæрфыг лæг, адæм иууылдæр кæйыр- дæм разылдысты, уый дзуапп дæтты иуцасдæр ахъуы- дыйы фæстæ: — Гм, гм... Бавзарын хъæуы. Адæм æмхуызонæй куы афу кæной, уæд дзы дымгæ рауаидзæн: бавза- рæмут... — Хорз, — зæгъы Сулейман æмæ йæ лæдзæгæй амоны, æппæты уæле чи лæууы, уыдонырдæм. — Гъей, уæлæ урсхудджын, ды та цы зæгъдзынæ? — Æз Сафарбег дæн, æмæ мæнмæ дæ хъуыдытæ, Сулейман, раст кæсынц! — хъуысы уæлейæ хъæлдзæг дзурын. — Фæлæ тæрсын, нæ тыхтæ æгæр чысыл куы разыной. — Чысыл сты, чысыл, — дзурынц йæ фарсмæ лæу- джытæ. — Мах тыхтæ чысыл сты? — дзуры Сулейман æр- бамæсты уæвгæйæ. — Чи загъта уый? Уый Шахсувар загъта, фæлæ ныр йæхæдæг дæр йæ ныхæстыл æрфæс- мон кодта æмæ, — уæртæ уынут? — сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй лæууы... Цæйут-ма, нæ тыхтæ абарæм, нæхимæ бакæсæм, кæддæра нæ уæз цас у. Иууылдæр мæнмæ хъусут. Ныртæккæ ацы хохы фахсыл цы адæм лæууы, уыдонæй партизан чи уыдис? Чи у колхозон? Чи у партийы лæуд? Чи у фæскомцæдисон? Иудзыр- дæй, советон, бæрнон адæймаг чидæриддæр у, уыдон ма сæ къухтæ сдарæнт... Цæйут-ма! Æмæ дын æвиппайды, цьгма æвирхъау стыр мар- гъы базыр раитынг и, уыйау хохы фахс сæрæй-бынмæ куы айдзаг уаид сау хъæды бæлæстау арæх къухтæй. Уый уынгæйæ, адæм фьгрдисæй улæфгæ дæр нал кæ- нынц. — Мæнæ стæм, гъе, мах! — дзуры Сулейман, тынг хъæрæй нæ, фæлæ ныфсджын ныхас кæнгæйæ. Æмæ, йæ къух уæлæмæ скæнгæйæ, амоны ,йæ алывæрстæм.— Мæнæ хорз адæм, уæхимæ-ма бакæсут! , Адæмæй алчи йæ алывæрстæм кæсы, æмæ сæ цæс- т
гæмттæ æваст фæирд вæййынц; адæм æй сæхæдæг дæр не ’мбарынц, афтæмæй алчидæр йе ’уæнгтыл схæцы, йæ цæстыты ферттивы домбайдзинады, сæрыстыр тыхы цæхæр. Сæ къухтæ уæлæмæ истæй дарынц, афтæмæй уыдон сæ кæрæдзимæ цымыдис каст кæнынц, цыма абон фыццаг хатт сæмбæлдысты, уыйау, æмæ сæ рæн- хъыты æхсæн гуыры цавæрдæр æнахуыр тырнындзи- над. — Уынут? — цингæнгæ фæрсы Сулейман. (Бирæ- тæн сæ цæсгæмттыл ахъазыди мидбыл худт.) — Мах мах стæм! Зæгъ-ма, Шахсувар, — дзуры уый, фæстæр- дæм ракæсгæйæ, — ды, мæпæ нæ ацы хохыйас, тых хъæуы, зæгъгæ, афтæ загътай? Æмæ ацы тых ацы хо- хыйас у æви нæ? — Ура-а-а! — ныййазæлыди хохы фахс сæрæй бынмæ. Адæм хъæр кæнынц, сæ зæрдæйы тыхджын цин æв- дисгæйæ, æмæ сæ алкæмæ дæр афтæ кæсы, цыма ден- джызы стыр уылæнтæ хохы фахсыл фæйлауæнтæ кæ- нын райдыдтой уæле дæлæмæ æмæ дæле уæлæмæ. Су- лей’ман æнцад лæууы, йæ зæрдæ цинæй байдзаг. Æддозгомау чи лæууы, уыцы зæронд лæгтæ дæр сæхи- уыл схæцыдысты, се ’нкъард цæсгæмттæ фæрухс, фæ- бæрæгбонхуыз сты. Рагон æмæ къуырма зæронд лæг, цыппар хъæуы хистæр, æмбырды рæстæг фылдæр ду- рыл чи фæбадтис æнæзмæлгæйæ, уый сындæггай сыс- тад, йæ худ’æмæ йæ лæдзæг уым ныууагъта, афтæмæй, чысыл къахдзæфтæгæнгæ, бацыди къардиуы былмæ. Сулейманы рахизфарс æрлæууыд æмæ, йæ армытъæпæ- нæй хураууон акæнгæйæ, тыхулæфтгæнгæ, хæрдмæ ’би- рæ фæкасти адæммæ. Стæй йæ сæр разыйы тылд ба- кодта æмæ æхсызгонхуызæй загъта: — Адон адæм сты! Адæмы куы бафæнда, уæд ны- мæтын мих дæр зæххы ныццæудзæн. Бузныг, мæ хъæ- бултæ. Кæд хуьщауы бафæнда, уæд амондæй æнæхай нæ уыдзыстут... — Уæ къухтæ æруадзут!—хъæр кæны Сулейман.— Мæнæ хорз адæм, ныр та сæ къухтæ сдарæнт, партизан чи нæу, колхозон чи нæу, партион чи нæу, фæскомцæ- дисон чи нæу, иудзырдæй — махæй хицæнæй, йæхæдæг йæхицæн чи цæры, уыдон се ’ппæт дæр. 297
Хох æдзæмæй лæууыд. Исдугмæ æппæт дæр: адæм дæр, къæдзæхтæ дæр, дуртæ дæр, цыма истæмæ æн- хъæлмæ кастысты, уыйау ныхъхъус сты, иу сыбыртт дæр сæ нал хъуысти. Фæлæ дын уалынмæ дæлæ дæл- лоз сындæггай сзынди зыбыты иунæг къух, æмæ адæм æмхуызоыæй сæ каст уымæ скодтой. — Чи у, чи? — фæрсы Сулейман, уæле дæлæмæ кæсгæйæ. — Шалбуз у? Ды та дæ, Шалбуз, дæ хæдзар ныккæла! Арвы нæрыны хуызæн тыхджын худтæй хох ныцца- рыдта. Кæл-кæл худтыл ма бафтыди къæдзæхты, кæмт- ты азæлд æмæ дæрдтыл ахæлиу ис,>бæстæ арауы, раст цьгма æгас дуне дæр худгæ кæны, уый хуызæн. — Куыдтæ нын цæрыс, Шалбуз? —, фæрсы Сулей- ман, йæ мидбылхудт тыххæй уромгæйæ. — Дæ хуым- гæнд — пецы чъылдыммæ, дæ хосгæрст — уæлхæдзар, афтæмæй?.. Йæ къух чи сдардта, уьщы чысыл лæг цавддуры хуызæнæй лæууы, фырæфсæрмæй цы фæуа, æмæ цы кæна, уый нал зоны: йæ къух уадзгæ æркæна, æви йæ уæлæмæ истæй дара? Уый зæронд лæг у æмæ уæле кæс- гæйæ дзæбæх нæ зыны. Йæ уæлæ, кæддæр цъæх чи уыд, ахæм хæррæгътæ куырæт, йæ хус астæуыл роны бæсты рагон персайнаг хисæрфæн баст. йæ цæсгом æнцъылд- тæ, иу æрду дæр ыл нæ зыны. Æ-ппæт адæм, зæхх, къæдзæхтæ, дуртæ, хæхтæ йыл кæл-кæл худт куы ныккодтой, уæд æрвдзæфау фæци, фæджих и, стæй уæд ныззыр-зыр кодта, тæригъæддаг- хуызæй йæ алывæрстæм кæсы, йæ къух ма уæддæр хæрдмæ истæй дары, афтæмæй сæргуыбырæй кæуы. — Амардтат мæ, — кæугæйæ дзуры уый, — мæнæй лæг нал ис. Æз ныр хуыргаркæй уæлдай нал дæн. Уыцы рæстæг Сулейман, йæ дыууæ къухы дæр тил- гæйæ, амæлттæ кæны адæмы худт бауромынæн. Йæ цæсгом æваст фецæгхуыз и, æмæ æнхъæлмæ кæсы, цалынмæ адæм бынтон басабыр уой, уæдмæ. Йæ ра- хизырдыгæй фарс лæууы цыппар хъæуы хистæр, саби- йы æвæлмас м-идбылхудт йæ цæсгомæй нæ хицæн кæ- ны, афтæмæй, галиуырдыгæй та лæууы, ныхас чи код- та, уыцы æрыгон лæппу æмæ стыр æхсызгодæн уæлæмæ кæсы. 298 .
— Хорз адæм! — фæхъæр кодта æваст Сулейман, хохырдæм дзургæйæ, — гъеныр-ма уæдæ дзуапп рат- тут мæнæн нæ, фæлæ уæлæ уыцы арвæн, мæнæ ацы зæххæн: мах куы бафæнда, уæд нæ бон бауыдзæн æви нæ фондз бонмæ Стыр суадон атагъамæ баздахын, фæстæрдæм æй азилын, гуцъулайау æй сыздухын, зæх- ’ хæн йæ кæрæф куыдзы дзых, æдзух хæлиуæй кæй да- ры, уыцы дзых донæй, артæй, дымгæйæ бафсадын? . Зæгъут-ма мын уьий! Æмæ йын хох уыциу тыхджын улæфтæй дзуапп радта: — Бауыдз’æн. Уьгй махæй аразгæ у... Нæ бон у ал- цы бакæнын дæр! Фæндагыл1 Экспресс «Баку—Мæскуы» (Дербенты уый афæс- тиат вæййы æрмæст дыууæ минуты), кæддæриддæры хуызæн, йедзаг уыдис адæмæй. Сулейманæн æмæ йæ тæлмацгæнæгæн æндæр гæнæн нал уыд, æмæ сбадтыс- ты хицæн вагæтты. Сулейманæн йæ хай фæцис уæллаг тæрхæг, æмæ йын уырдæм хизын зынгомау уыд. Фæлæ поэт ууыл нæ рахъыг кодта. Изæр ма уыдис, афтæ йæ бынатмæ схызт æмæ суанг дыккаг боны сихæрттæм уым æнæдзургæйæ фæбадт, тамако дæр бирæ нæ дымдта, мæ фæндаггон æмбалы ма батыхсын кæнон, зæгъгæ. Купе уыдис дыууæ адæймагæн, æндæрбæстæг- тæн кæй рахицæн кæнынц, ахæм вагоны. Бинаг тæр- хæг бацахста цавæрдæр рынчынхуыз сылгоймаг, Рое- товы онг чи цыдис, ахæм, æмæ Сулеиман, æвæццæгæн, йæхинымæр загъта, бинаг тæрхæг иууылдæр сылгой- магæи æмбæлы, уæллаг та мæнæн, зæгъгæ. Изæрырдæм сылгоймаг йæ дзаумæттæ æфснайын байдыдта. Уæдмæ уый Сулейманыл фæцахуыр æмæ, хæрзæгъдау сыхаг ын кæй уыд, уый тыххæй уыдаид, æви зæронд лæгæн ф’æтæригъæд кодта, бæрæг нæй, фæлæ йын афтæ зæгъы, рагапау, дам, дæлæмæ æрхиз æмæ дæхицæн хорз бынат баца^хс. — Æмæ хъыг никæмæн уыдзæн? — уырыссаг ны- 1 «Царды рухс», зæгъгæ, сæргондæй скъуыддзаг. 299
хæстæ æрдæгцъæррæмыгъдæй дзургæйæ, бафарста Сулейман. — Цæмæн хъуамæ уа хъыг? — дзуапп ыи радта сылгоймаг. — Ничи ницы зæгъдзæн. Дæуæн та алы хатт уæлæмæ хизын зын у. Ауадысты Батайскыл. Поезд ныллæууыд Ростовы. Уым Сулейманмæ абæрæг кæиынмæ бацыдис йæ тæлмацгæнæг, æрыгон лæппу, æмæ йæ купейы баййæф- та иунæгæй. Сылгоймаг ахызти. Сулейман бадти бы- нæй, фæлмæн диваныл, сæхи хæдзары-иу куыд кодта, афтæ йæ къæхтæ йæ быны бакæнгæйæ æмæ йæ лулæ пъæртгæнгæ. йæ карзинкæ уыдис къулыл ауыгъд. йæ хъуынджын худ та йæ фарсмæ лæууыди, диваныл... Сулейман уыцы хуызæнæй мæ цæстытыл уайы*. Зæранд лæджы куырæтæн йе ’гънæджытæ æнæвæрд, йæ къæхтыл — сырххъулон цъындатæ, йæ рæмбыны- къæдзæй йæ уæрагыл æрæнцад, къухы æнгуылдзтæ дæлæмæ æруагъта, æмæ афтæ ауыгъдæй лæууынц... Цъæх фæздæг Сулейманы цæсгомы иувæрсты къуы- былæйттæй ленк кодта. Уый æнцад бадти, цыма чай- ханайы уыд, уый хуызæн; йæ цъынддзаст цæстыты зынди ахæм хæлардзиняд, ахæм рагон æвæлмасдзи- над, æмæ лæппу иудзæвгар æыцад лæууыд, сдзурынмæ йæм йæ ныфс нæ хаста, йæ æнæмæтдзинады сахат æй куы бахъыгдарон, зæгъгæ. Уалынмæ купейы дуар байгом и. Æрбахызти про- водник, æмæ йемæ ноджы иу пассажир, хæрзарæзт хытъынджын лæг, йæ сæрыл — фетр тегла-худ, йæ къухы — рæсугъд бур чумæдан. Лæг æнæрвæсеонхуы- зæй купейыл йæ цæст ахаста. Сулейман йæхи фæгæ- мæл кодта: цы хабар у? Хытъынджын лæгæн йæ дзы- хæй иу дзырд дæр не ’схауд, афтæмæй йæ къух ба- даргъ кодта, йæ дыууæ æнгуылдзæй Сулейманы худæн йæ тæккæ кæроныл, йæ хъуыны цъуппыл ныххæцыд (афтæ та. ныххæцынц хæдмæл уырыйы къæдзилыл), æмæ йæ æлгъгæнгæ баппæрста стъолмæ, йæхæдæг йæ чумæдан Сулейманы фарсмæ æрæвæрдта. — Хъус-ма, гражданин! — загъта уыды рæстæг проводник, лæппумæ дзургæйæ.—=-Зæронд лæгæн зæгъ, æмæ ныртæккæ уæлæмæ йæ бынатмæ куыд схиза, аф- тæ>. Бинаг тæрхæг ацы фæсарæйнаг туристæн фидар- 300
гонд æрцыд, суанг ма Минеральнæй Воды станцæйы куы уыдыстæм, уæд. Æмæ йæ суæгъд кæнут. — Цы зæгъы, цы хабар у? — батыхсти Сулейман æмæ йæхиуыл схæцыд, сцæйстади, фæлæ йæхи фæурæд- та. — Æндæр паддзахадæй у, зæгъыс? — мæстджы- нæй бафарста Сулейман æмæ йæ бынаты бадгæйæ баз- зад. йæ цæсгомы хуыз æнахуыр ивд акодта, цавæрдæр æлхынцъ æмæ тызмæг æнгас райста. йе ’рфгуытæ фæ- тар сты. Стæй уæд сындæггай, йæ сæр сæрмæ чи хæс- сы, ахæм лæджы змæлдæй йæ къух бадаргъ кодта, стъолæй тамакодон райста æмæ æнцадгай йæ лулæйы тамако нæмын байдыдта. Проводник æмæ хытъын- джын лæг æнхъæлмæ кастысты. — Афтæ ма йын зæгъ, — сдзырдта æппынфæстаг Сулейман, хытъынджынырдæм кæсгæ нæ кодта, фæлæ æрмæст йæ сæрæй уьгйырдæм амонгæйæ. — Зæгъ ын, æз, фыццаджыдæр, кæй дæн колхозон лæг. Бамбæр- стай? Дыккаг уый, æмæ æз дæн зæронд лæг. О, о! Æр- тыккаг уый, æмæ æз, цыдæриддæр куы дзурæм, уæд- дæр адæмон поэт дæн. Чысыл поэт дæн æви стыр, уый, зæгъ, дæ хъуыддаг нæу — уæвгæ поэт дæн! Цыппæрæм уьгй, — загъта Сулейман, æмæ æваст йæ ныхасы хатт фæхъæбæрдæр кодта, — цыппæрæм уый у, æмæ ды ацы лæгæн, æндæр паддзахадæй æрбацæуæг лæгæн, зæгъ, ам уый паддзахад кæй нæу, фæлæ мæн паддза- хад у! О, о! Ничи йæм кæсы?! Кæд æй хъæуы, уæд йæхæдæг схизæд уæллаг тæрх’æгмæ, æз никуыдæм хи- . зын, æз ам бадын! Уыцы ныхæсты фæстæ сæм Сулейман ,йæ чъылдым сыздæхта. йæ цæсгомы ныр уыдис фидардзинады æн- гас. Йæ худ ныццагъта, барæй йæ йæ къухыл тынг æр- къупп кæнгæйæ, æмæ йæ æнцад-æнцойæ йæ сæрыл æр- кодта. Ногæй та лулæ йæ къухмæ райста (лулæйы хъæ- дыл цы къухæй хæцыд^ уый иуцъус зыр-зыр кодта), фæлæ йæ судзгæ не ’скодта, афтæмæй, йе ’уæнгтыл схæцгæйæ, рудзыпгмæ æдзынæг ныккаст, йæ чъылдым- мæ цытæ цыдис, уыдонмæ дæр йæ хъус даргæйæ. Су- лейманы чъылдыммæ проводник уыцы рæстæг гом кодта чыеыл асин. Фæсарæйнаг турист уыцы асиныл, йæ пыф-пыф цæугæ, уæлæмæ схызти æмæ, æвæццæгæн, чысыл сагъæсы нæ уыд. Р1æхи мидæг джихтæ кодта: 301
хъуамæ афтæ дæр ахъуыды кодтаид, æмæ ома ацы зæронд лæг, хуымæт^ег уæлæдарæс кæуыл ис, йæ къæх- тыл гауызгонд сырххъулон цъыщдатæ чи скодта, уый кæд, миййаг, стыр большевик у; чи сын цы бамбар- дзæн, ома, адонæн!.. Чысыл фæстæдæр, куы æрталынггæрæттæ ис, уæд Сулейман, бынтон æрсабыр уæвгæйæ, тæлмацгæнæ- джы арвыста проводникмæ, ардæм æй ракæн, зæгъгæ. — Бафæрс-ма йæ, — загъта Сулейман зæрдиагæй, проводник дуарæй куы æрбакаст, уæд, — цæуылнæ исты дзуры? Кæд æмæ, æз ам бынæй кæй «бадын, уый къуылымпыйы хос у хъуьцддагæн, уæд æз уæлæмæ мæ бынатмæ схиздзынæн, мæнæн уый зын нæу... — Нæ, нæ, — худæнбьглæй дзуапп радта провод- ник, — ахæмæй дзы ницы ис! Тынг хорз дзуапп ын радтай æрдæбон! Уæд Сулейман рабадти, карзинкæйæ цалдæр фæт- къуыйы систа (уыцы фæткъуытæ йын йæ зæронд æф- синфæндагмæ нывæрдта) æмæ сæ стъолыш сæрыстыр- хуьвæй равæрдта. — Ахæр, — загъта уый проводникæн. — Мæсты ма кæн. П-па, п-па! Алы фæткъуы дæр — сомы аргъ, — æмæ ма зæрдиагхуызæй, йæ иу цæст æрныкъулгæйæ, йæ ныхæстыл бафтыдта: — Адон нæхи дыргътæй сты, колхозы дыргътæй! Хорз фæткъуытæ! Æмæ æрмæст кæмдæр йæ донгæмтты ’рдыгæй, зæ- ронд лæджы хылы-мылытæ урс рихитæй æмбæрзт чи уыд, уъгцы рæтты зына-нæзына бæрæг дардта хицæй- разьгйы фæлмас мидбылхудт, Сулейман йæ хорз зæр- дæйыл кæй уыд, уый бæрæггæнæн.
ФЫССÆДЖЫ БЛОКНОТТÆЙ Фыдыбæстæйы хæсты агъоммæ фыстытæ Хæххон хъæуы: хистæр куы æрбацæуы, уæд кæс- тæрты ферох кæнынц. Фæндагыл лæууы дурыны дзаг дон. Цæуджытæн. Уыцы æгъдау рагæй ис. Мигъ комы бады, раст цыма тад æвзист у, уый хуызæнæй. Хъæуы уынгты бæхыл куы фæцæйцæуай, уæд дæ бæхæй æрхиз, стæй дæ бæх ехсæй ма цæв, уымæн æмæ уый хъæубæстæн æфхæрд уыдзæн. Йæ райгуырæн зæххæй дард ран чи амард, ахæмæн- иу цырт фæндаджы был ныссагътой. Дымгæ загъта сарайæн: — Дуар бакæн, æз дын иучысыл хъæмп æмæ хос бакалон. 303
Сара йыл баууæндыд, йæ дуар байгом кодта, фæлæ дымгæ иугæр куы фæмидæг ис, уæд дзы цыдæриддæр ссардта, уыдон уынгмæ ракалдта, Шамилы тырысайыл фыст уыдис араббагау: «Хæсты бацæугæйæ, сомбоныл чи хъуыды кæна, уый хъæбатыр никуы уыдзæн». Цардысты дыууæ зæронды — лæг æмæ ус. Æмæ сын уыди чындз. Зæрæдтæ-иу бон-изæрмæ кусгæ код- той, бафæлладысты-иу, фæлæ чындз æгæр-мæгуыр дон хæссынмæ дæр нæ цыди. — Ныр цы бачындæуа? — загъта зæронд лæг. — Чындз дон хæссын цæмæй райдайа, уымæн цы æрхъуы- ды кæнæм? — Уымæн æз хос зонын. Æз дурын райсдзынæн æмæ мæхи донмæ цæуæг скæндзынæн, ды та мæ-иу уадзгæ ма кæн. «Ды фæллад куы дæ, фæлтау мæхæ- дæг ацæудзынæн», зæгъгæ-иу дзур. Æз та дæу нæ уадздзынæн, æмæ афтæмæй нæ чындз кæд фефсæрмы уаид æмæ йæхæдæг ацæуид. Куыд бадзырдтой, раст афтæ бакодтой. Фæлæ сын чындз загъта: — Ныр зæрондæй цæуыл быцæу кæнут? Уæ иу уал ныр ацæуæд, иннæ та фæстæдæр ацæудзæн. № Доны хъæрмæ дардæй куы хъусай, уæдраст фæззы- гон дымгæйы уынæры хуызæн у. Цыма адæймаг хъæ- ды астæу вæййы, уыйау. Æхсæвыгон их нæ фæуары. :* Фæндагыл фæцæйцыди гал, йæ къæдзилæй йæхæ- дæг йæхицæн гьæй кодта. I 204
* Рæстдзинад кæддæриддæр масты ад кæны, фæлæ йæ дыргътæ адджын вæййынц. Сывæллæтты-иу фыццаг заманы ахуыр кæнынмæ афтæ лæвæрдтой: лæг-иу бацыд æмæ-иу, йæ фырты молломæ дæтгæйæ, загъта: — йæ фæлмæнтæ дæу, стджытæ мæн (ома, цас дæ фæнда, уыйас æй нæм, æрмæст æй цæнкуылтæ ма фæ- кæн, стæг ма асæтт.) «Диссаджы хъуыддаг: хæсты быдыры мæлынæй нæ тæрсæм, фæлæ рæстдзинады сæрыл иу ныхас скæнын нæ уæндæм» (Рылеев). Дæ мадæн лæггад бакæныны тыххæй йын дæ ар- мытъæпæны хъаила жуы сфыцай, уæддæр ма дзы хæс- джын уыдзынæ. Арв ныннæрыд. Бæлæстæ цыма йе ’рцæвынмæ æн- хъæлмæ кæсынц, уыйау сæхи ныггуыбыр кодтой æмæ афтæмæй лæууынц. * — Дзидза куы сбыр вæййы, уæд дзидзайыл цæхх ныккæны-нц, фæлæ цæхх йæхæдæг куы сбыр уа, уæд та ма куыд кæнгæ у?! — загъта зæронд лæг, дæ хистæр фырт кæстæры амардта, зæгъгæ йын куы фехъусын кодтой, уæд. Араббаг адæммæ ахæм иыхас и: «Дидинæг куыд рæсугъд у, уый чи не ’мбары, йæхицæн хæлæрттæ скæ- 20 Дагьнстайнаг зæрингуырдтæ, 305
нынмæ чи нæ тырны, зарджытæм хъусын чи нæ уарзы, уый рынчын у». (Нæхицæй ма йыл бафтауæм: чъынды чи у, стæй искæй рис кæмæ нæ хъары, ахæм адæймаг йæр.) Калм загъта: — Æз раст бæргæ дæн, фæлæ, цы хуынчъы фæ- бырын, уый зылынтæ у. * «Де ’знæгтæй цы басусæг кæнынмæ хъавыс, уый дæ хæлæрттæн ма дзур» (Ф. Аттар, рагон персайнаг поэт). Фронты фыстытæй (1941 — 1944 азтæ). Æхсынæнты стыр хуым æнæкарстæй баззад, дард- мæ сау дары. йæ сæрмæ зилдухтæ кæны халæтты бал. Бæхтæ куы фæцæф вæййынц, уæд хъæрзгæ кæнынц. Хæдтæхæг йемæ тасдзинад кæй хæссы, уьгй æмбарынц æмæ сæ бынæтты сагъдауæй баззайынц кæнæ та пых- сы, ’бæлæсты бын бамбæхсынц. * Уырсыты се ’ппæты дæр æрдусгæ кæнынц, уымæн æмæ уырс ныууасы, æмæ афтæмæй æфсæддонты сусæг цыд сæргом вæййы. * Цалдæр лæджы разведкæйы ацыдысты ихыл, доны фаллаг фарсмæ. Къамандир сын дзырд радта, цыфæн- ды куы феста, уæддæр хъæр мачи кæнæд, науæд знаг æнæхъæн дивизийы бынат базондз-æн, зæгъгæ. Иу лæг донисæп хуынчъы ныххауд. Сахаты æрдæг ихимæ фæ- тох кодта æмæ уый фæстæ доны аныгъуылд, ихы бын фæци, фæлæ дзы иу сыбыртт нæ райхъуыст. 306
Хъæдыл бомбæтæ калынц. Хъæд судзы уæлдæфы. Сæдæ азы бæрц кæуыл цæуы, ахæм нæзы бæлæстæ портийау хæрдмæ фæхау-фæхау кæнынц, кафынц, уы- мæн æмæ зæхмæ нæма æрхæццæ вæййынц, афтæ сæ иннæ бомбæйы срæмыгъд ноджы уæлдæр фехсы. * Махачкалайы уынгты — цыртытæй арæзт баррика- дæтæ. * Автомат кусы хуийæн машинæйы хуызæн: тр-р-р! * Полчъы штаб цы агъуысты æрбынат кодта, уым ав- дæны хуыссы сывæллон, кæуы. Штабы кусджытæ ны- хас кæньшц, райсом хъуамæ араст уой фронтмæ. Ко- миссар дзуры, авдæн узгæйæ: — Æмæ цъаммар фашисттæн æппындæр хатыр кæ- нæн нæй! Знагæн мæлæт! * Иу лæг куы марди, уæд йæ фыртæн фæдзæхста, алы хъæуы дæр-иу дæхицæн мæсыг самай, зæгъгæ. Фырт фæсномыг ныхас нæ бамбæрста æмæ æцæгдæр мæс- гуытæ амайын райдыдта. Афтæмæй йын йæ фыд та уый фæдзæхста, цæмæй йын алы хъæуы дæр хорз хæ- лар уыдаид, уымæн æмæ хæлар лæг мæсыгау æх- хуыс у. Фыссæджы хæс фронты. Истытæ мысын нæ хъæуы. Дæ фыстæн йæ алы рæнхъ дæр æцæг хъуамæ уа. Цы федтай, уый радзурын æгъгъæд нæу, хъуамæ ма сидгæ дæр кæнай. Хæстон хъуыддæгты раз иннæ хъуыддæгтæ ницы сты. 307
* Бацайдагъ и карз, æнæхатыр хæст, зæххыл цы хæс- тытæ уыдис, уыдонæн сæ тæккæ рæстагдæр хæст. Æмæ дзы иуварс лæууæн никæмæн ис. Ныронг-иу, хæсты рæстæг фыссæгæн ницы куыст и, зæгъгæ, афтæ æн- хъæл уыдысты. («Сармадзантæ куы дзурынц, уæд му- зæтæ ныхъхъус вæййынц»). Фæлæ иыр фысджытæ дæр тохы бацæуынц... (Толстой, Шолохов, Тихонов). * Сылгоймаг хъомгæстæ, сылгоймаг бригадиртæ, сылгоймаг трактористтæ. Сывæллæттæ хор ласынц элеватормæ, хос кæрдынц, стæй та бæлæстæм схизынц, тутатæ хæрынц. Хъæбатыр иу хатт мæлы, тæппуд — сæдæ хатты (черкесаг зарæг). Хуы æрмæст æфтъæрыны тыххæй цæры. Бакæнæи ис алцæмæн дæр — æрмæст дæ хъуамæ тынг баф’æнда. Мацы дæ ферох уæд, Капиев! Рацу-бацу кæн, кæс алырдæм æмæ алцыдæр дæ зæрдыл бадар, уымæн æмæ, абон цы хъуыддæгтæ цæуы, уыдон дыккаг хатт нал æрцæудзысты: зæххыл ахæмæй никуыуал, æппын- дæр никуыуал ницы уыдзæни. Кæсгон хъæу. Немыц сын загътой, уæ коммунистты раттут, зæгъгæ. Зæронд лæгтæ ракуырдтой дыууæ боны æмгъуыд, æрæмбырд сты мæзджыты æм<æ бирæ фæтæр- хон кодтой. Сæ дзуапп уыдис ахæм: 308
— Гитлер пысылмон динæн стыр аргъ кæны, зæгъ- гæ, афтæ фæзæгъут. Æмæ кæд æцæг афтæ у, уæд хъуамæ аргъ кæыа не ’гъдæуттæн дæр. Мах æгъдаумæ - гæсгæ хи хъæуккагыл комдзог рацæуын не ’мбæлы — уый нæм хуыцауы раз стыр тæригъæдыл кымад у. Кæд æмæ аххосджын сты, уæд сæ хуыцау йæхæдæг бафхæрдзæн, фæлæ махæн уыдоыы банымудзæн нæй. «Оккупацийы рæстæджы уымæй зындæр ницы уыд, æмæ-иу уынгæй æхсæвыгон немыцаджы къæхты хъæр куы æрбайхъуыст. Раст-иу цыма йæ уæззау цырыхъ- хъытæй мæнæн мæхиуыл, мæ буарыл цыдис, мæ уд мын цыма йæ къæхты бын ссæста, афтæ-иу мæм касти...» (Дзырдта сылгоймаг, ахуыргæнæг). * Партизантæ семæ акодтой дынджыр хæрзмыггаг богъ, аргæвдыны тыххæй. Бирæ бонтæ аивгъуыдта, фæлæ йæ аргæвдыныл бонæддæдæр кодтой. Ахæм хæрзмыггаг богъ сæм аргæвдынæн æвгъау касти. (Партизантæ се ’ппæт дæр зæхкусæг адæмæй уыдыс- ты.) Бирæ хатт-иу æххормагæй, æппын æнæ хæрина- гæй дæр баззадысты, фæлæ уыды богъы бахъахъхъæд- той æмæ йæ фæстæмæ сæхи колхозмæ æртардтой... Уый стыр ц-ины хос уыд æппæтæн дæр! * Хæхты зын уавæрты сæрæгаоæй ёаззайынц, тых- джын удыхъæд кæмæн уа, æрмæст ахæм адæймæгтæ. Зæрдæ хъуамæ схоны хуызæн фидар уа. Æнæниздзи- над æмæ уæлæдарæсæй ныфс ноджы фылдæр ахады. Рауайы афтæ, æмæ, зæгъæм, лæгыл уыдис палто, бæм- бæджджынтæ, цъындахæдон, кæрц, валинкæтæ, нымæт, æмæ афтæмæй басыди. Æндæр искæуыл та рог дарæс, æгæр-мæгуыр ын æрмкъухтæ дæр нæй — фæлæ йын мур дæр ницы уыд... 309
*. Хъæуты, зæронд лæгтæ хъуыр-хъуыр кæнынц, фæ- лæ фронты адæмæй исчи куы фæзыны, уæд сæрыстыр вæййынц. — Уый хæстон лæг у! Мах хъæуккаг! Иæ ныхас дæр зæрдæйæн æхсызгон у. Лæджы ныхас. Сылгоймæгтæ хæсты рæстæг нæлгоймæгтæй ноджы æнæхатырдæр вæййынц. Уый æз мæхи цæстæй бирæ хæттыты федтон. Хъусын куы хъæуа, уæд-иу фыццаг у, дзурын куы хъæуа, уæд та — фæстаг. Уымæй хуыздæр ницы ис зæххыл, æмæ йæ макуы ферох кæн. ДАГЪИСТАНЫ АДÆМТЫ ÆМБИСÆНДТÆ Ахуыргонд суæвынæй адæймаг суæвын бирæ зын- дæр у. Цард цæхджын донау у: адæймаг дзы цас фылдæр нуаза, уыйас тынгдæр дойны кæны. * Нæмыг иу лæг мары, дзырд — сæдæ лæджьь. Хорз ныхасы руаджы æхсаргард дæр фæстæмæ йæ кæрддзæмы нытътъыссынц. Бирæ ныхæстæ хъуыраны йедтæмæ никæм "фи- дауы-нц. 310
й Æдылы хæларæй зондджын знаг -- хуыздæр. Ау, хъом сæрвæтæй куы нæ æрцæуой, уæд изæр нæ кæндзæни? Уæрдоны бадгæйæ, тæрхъус не ’рцахсдзынæ. * Хъæбатыры мад не ’скæудзæн, фидар баст нæ рай- хæлдзæн. * Сывæллонджын хæдзар — базар, æнæсывæллон- джын хæдзар — ингæн. м Æхсаргард йæ кæрддзæм нæ лыг кæны. Уазæгыл цин кæн хæринагæй нæ, фæлæ æрфыгæй. Калм цы кæрдæг нæ уарзта, уый йæ хуынчъы был æрзади. Зæронд лæгæн йæ роны — гуылтæ. * Кæд дын хæлар ис, уæд æй арæх бæрæг кæ, науæд, уе ’хсæн цы фæндаг ис, ууыл хæмпæлгæрдæг æрзай- дзæни. 311
* Хъæд сабыр куы уа, уæд ын афтид æнхъæл ма у: чи зоны, æм<æ дзы тигр хуыссы. * Хурх нарæг уый тыххæй у, цæмæй-иу дзы дзырд уайтагъд ма схауа. Адæм иумæ куы афу кæной, уæд дзы дымгæ рауай- дзæн. Хъæуы куитæ кæрæдзийы нæ уарзынц, фæлæ би- рæгъ куы æрбалæбуры, уæд февварс вæййынц. Адæймаг дзуры — рæстæг худы. Ис ахæм адæймаг, æмæ дæсаздзыдæй дæр лæг у, ис ахæм, æмæ дыууиссæдзаздзыдæй дæр — сывæллон. Æвзаджы стæг нæй, фæлæ стджытæ дæр ныссæтты. Æххуысгæнджытæ бирæ куы уа, уæд нымæтын мих дæр зæххы ныццæудзæн. :': Хъæубæстæ æлæниз куы уой, уæд дæсны рынчын «кæны. 312
Адджын ныхас калмы йæ хуынкъæй расайдзæн. Цъаммар лæгæн йæ рон — дзаг, йæ цæсгом — сау. * Лæипу æнæ нозтæй дæр срасыг вæййы. т Хайуан æдде хъулон вæййы, адæймаг та — ми* дæгæй. * Мæлдзыгæн йе сæфт куы æрцæуы, уæд ыл базыртæ базайы. * Зæронд галы ауæдз арф вæййы. * Сæрды бонты кæд дæ сæрымагъз нæ фыхти, уæд зымæджы бонты дæ уæларт аг нæ рафыцдзæн. (Кусгæ чи нæ кæны, уый нæ хæры.) * Иу фыс мин фысы аргъ никуы уыдзæн, фæлæ иу лæг мин лæджы аргъ вæййы. * Иу рæдыд моллойы чызг дæр фæкæны. Мæ зæрдæмæ чи цæуа, æппæты рæсугъддæр уыцы чызг у, 313
«Амонд, кæдæм цæуыс?» — «Адæм кæрæдзийы кæм уарзынц, уырдæм». Æдылыйæн алкæм дæр’ — чындзæхсæв. Къуылых лæгæн йæ аууон дæр къуылых вæййы, * Зæрдæ куырм куы уа, уаэд цæстытæ дæр нæ уы- нынц; зæрдæ къуырма куы уа, уæд хъустæ дæр нæ хъусынц. Æдылы лæг адæмæй хъаст кæны, зондджын та — йæхицæй.
Керимов Ибрагим АЙСАТ Айеат колхозы сæрдары кабинеты дуармæ куы ба- хæццæ ис, уæд æрлæууыд æмæ арф ныуулæфыд. «Са- быр, — загъга уый йæхицæн. — Уæвгæ, тыхсгæ та цæуыл кæнын? Ныртæккæ дуар уыциу тъæпп скæн- дзынæн æмæ кабинеты смидæг уыдзынæн...» Кабинетæй цыди нæлгоймæгты ныхас: сæрдармæ чидæртæ уыди. «Уæд та æндæр хатт æрбацæуин?» — ахъуыды код- та Айеат. Фæлæ уыцы минут аивта йæ фæнд: цы уæл- дай у, æндæр хатт дæр æнæ исчи нæ уыдзæн. Сæрдар та иунæг кæд вæййы! Иуцъус ма агæдзæ кодта, стæй дуар батъæпп ласта. Уатмæ тамакойы фæздæгæй бакæсæн нæ уыд. Уæ- рæх тулдз стъолы уæлхъус бадти колхозы сæрдар Ах- мед Бамматов æмæ æвзæр пецау тынг фæздæг кодта йæ тамакойæ. Сæрдары размæ бадти колхозы бухгал- тер Агав Баширов (уый у фæокомцæдисы организаци- йы секретарь дæр), йæ уæрджытыл йæ гæххæттыты папкæ æвæрд. Сæрдар уыди бæрзонд, бæзæрхыг, тымбылдзæегом, йæ æнæдаст рустыл бæзджын халас æрбадти. Йæ тъæбæртгæнаг цæстытæ ныццавта Айсатмæ. — Цы хабар у? — бафарста йæ сæрдар. Айсат раздæр бакъахдзæф кодта. Ныр, фæстæмæ здæхæн куынæуал уыд, уæд йæ зæрдæ фæфидардæр ис. 315
— Æз Айсат дæн, Османова, — загъта чызг. — Айсат, зæгъыс?! — сæрдарæн фырдисæй йе ’рф- гуытæ йæ ныхыл абадтысты, цæстытæ та цины цæхæр- тæ акалдтой. — Æмæ раджы сдæ афтæ дынджыр? Агав бахудти. Айсат фефсæрмы ис, фæлæ фидарæй загъта: — Æз хъуыддаджы фæдыл æрбацыдтæн. — Гъы, гъы, хъусын дæм, — хæларзæрдæ æмæ зæрдиагхуызæй йæ сæр батылдта Бамматов. — Ца- вæр хъуыддаджы фæдыл, æмбал Айсат Османова? — Курын, æмæ мын куыст ратт колхозы. — А-а, куыст, зæгъыс! Дзур, дзур... Бамматов йæ мундштук сцъирæгау кодта, сдымдта тамако, дзыхæй рауагъта цъæх фæздæджы къуыбы- лæйттæ æмæ æдзынæг бакасти Айсатмæ. Сырæзыд, ба- хъомыл ис чызг. Чындздзон чызг! Афтæмæй ма хæрз- æрæджы дæр уынджы бæгъæмзæнг сывæллæттимæ ратæх-батæх кодта, дуртæ ’мæ къæцæлтæй хæдзæрттæ амадта. — Скъола каст фæдæ? — бафарста йæ сæрдар. — Фæдæн, ацы аз. Æвзист майдан райстон. — Уæууа, иудзырдæй дæ бирæ нал бахъуыд сыз- гъæрин майданмæ! Цы хорз уыдаид, сызгъæрин май- данмæ куы схæццæ кодтаис дæ ахуыры хъæд, уæд...— Бамматов йæ’сæр батылдта.— Цæй, уый ницы кæны,— загъта та оæрдар, йе ’рфгуытæ кæрæдзимæ фæхæстæг- дæр кæнгæйæ. — Ды каст фæдæ астæуыккаг скъола æмæ дын ссарын хъæуы дзæбæх, аккаг куыст. — Æз разы дæн цавæрфæнды куыст кæнынмæ дæр. — Ис нæм уый аккаг куыст! — æваст йæ дзырд баппæрста Агав. — Цавæр куыст? — Библиотекæр! Ныртæккæ нæ раст ахæм кусæг хъæуы. Сæрдар фæрайдзаст ис. — Æцæг зæгъыс, æцæг! Æнæхъæн мæй куы фæ- хъуыды кæнæм, уæддæр хуыздæр ницы æрхъуыдыгæ- нæн ис. Кæд дын зын уа, уæд дын баххуыс кæндзыс- тæм. — Æмæ уым зынæй цы ис! — æнæзæрдæрайгæйæ, бахъуыр-хъуыр кодта Айсат. 316
— Уæдæ баныхас кодтам, иæ? Цæй, уæдæ, рай- сом-иу æрбауай. Салам зæгъдæ мадæн. Сæрдар йæ къух бадардта чызгмæ. Айсат ын æф- сæрмыгæнгæ ра’йста йæ къух. Нæ, уый хъуыддагæн афтæ рауайын æнхъæл нæ уыд. Уымæй афтæ йын æваст йæ бар бакæндзысты исты, тынг зын куыст, фæлæ уæддæр сарæхсдзæн йемæ. Ныр та: дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр — библиотекæр! Айсат рарасти дуарырдæм. Агавы рæзты куы фæ- цæйцыд, уæд æм мæсты каст бакодта: сæ ныхасы йæхи цæмæн фæтъыста?- Колхозы къанторæй куы раныд, уæдмæ фæизæр- милтæ ис. Талынг йæхи сусæгæй уагъта хæххон хъæ- уыл æмæ йæ сындæггай тыхта йæ тар хъæбысы. Айсатмæсæхимæ æнхъæлмæ кастысты мад, йæ кæс- тæр æфсым’æр æмæ хо. Мад мæт кодта. Æмæ куыд нæ: йæ хистæр чызг куысты лæууыди фьгццаг хатт! — Гъы, куыд у? — бафарста мад. Уый йæ чызджы æнгасмæ гæсгæ архайдта, разы у æви нæ, уый бамба- рыныл. \ Мады зæрдæ балхæныны тыххæй Айсат барæй йæ мидбылты бахудти, куыд амал уыди, афтæ хъæлдзæг. — Райсом кусынмæ цæуын, — загъта чызг. — Би- блиотекæры куыст мын радтой. Айханум бацыд йæ чызгмæ æмæ йын армытъæпæн- тæй йæ рустæ фæлмæн æрбалвæста. Кæсут! Схъомыл кодта йæ чызджы! Айсат сси æх- хæст адæймаг. Р1æхи дарынхъом сси. Ехх, Осман нæ рацард ,йæ фыццаг чызджы, йæ фькдуаг хæмпусрус чьгзджы ахæм дынджыр адæймагæй фенынмæ! Айханум йæ чызджы сæр йæхимæ æрбалвæста, ар- мытъæпæнæй алæгъзытæ кодта Айсаты фæлмæн сæры- хъуынтæ, æмæ чызджы уæхскыл æрхаудис дыууæ хъарм цæссыджы. Библиотекæйы куыст разынди, Айсат куыд æн- хъæлдта, уымæй зæрдæмæдзæугæдæр. Библиотекæ уыди сырх къуымы, колхозы сæрдары кабинеты фарс- мæ. Къулрæбын æртæ скъаппы чингуытæй уыдысты сæ тæккæ дзаг. Уаты астæу стъолыл — алыхуызон бро- шюрæтæ, журналтæ, газеттæ. Айсат йæ куысты фыццаг бон ракалдта чингуытæ 317
иууылдæр, сæ рыгтæ сын ныссæрфта, хыгъды тетрад- мæ гæсгæ сбæрæг кодта чингуыты номхыгъд. Уый фæстæ самал кодта хъæбæр гæххæтт æмæ ныхасæн, сæ цъæрттæ тынгдæр ихсыд кæмæн уыдысты, уыцы чин- гуытæ бацалцæг кодта. Стæй уæд хорз бафснайдта агъуыст, суанг ма рудзгуытыл бакодта нывæфтыд гæх- хæттын æмбæрзæнтæ дæр. Дыккаг бон Айсат, ногдæр газеттæ йæ дæларм, аф- тæмæй араст быдырон стантæм. Уый уыди июны фæстаг бонты. Сæрдыгон хур артау сыгъта. Колхозонтæ æнувыдæй рывтой нартхор, рай- дыдтой мæнæу кæрдын. Айсаты фæндаг уыди даргъ æмæ станмæ бафтыд æрмæст колхозонты бонасадæны сахат. Колхозонтæ бацин кодтой æрбацæуæгыл: — Æгас цæуай, Айсат! Æццæй, стыр хицау сдæ? — Уый ныр чингуыты сæйраг сæрдар у! Айсат дæр сын хъазæн дзуапп лæвæрдта, куыд арæхст, афтæ. Уый баздæхти чызджыты къордмæ. Уы- дон фæсхæрд сæ фæллад уагътой сарайы сатæджы. — Цæй æмæ мæнæ ног газет бакæсæм, — загъта сын ног библиотекæр. Чызджытæ æхсызгонæн сразы сты, æмæ сын Айсат хъæрæй фæкасти газеттæ суанг сæ куысты сæргъы ногæй æрлæууыны онг. Къæпитæ та хæмпæлпæрдæг дасын куы райдыдтой, уæд бригадир Камил баздæхти библиотекæрмæ æмæ йын загъта: — Цæй æмæ, Айсат, афтæ бакæнæм, æмæ дæхимæ ныффысс, мах цавæр чингуытæ бакæсын фæнды, уы- дон, æмæ нын сæ райсом ардæм æрбахæсс. Нæхицæн амал нæй афтæ дардмæ библиотекæмæ цæуынæн, æв- дæлон сахат та нæ фæсивæд уарзынц чингуытæ кæ- сын. Айсаты зæрдæмæ фæцыд Камилы фæндон. Цæмæй бригады уæнгты сæ куыстæй ма иппæра, уый тæххæй чызг адыди хуымы астæумæ æмæ рувджытæй алкæйы дæр йæ куысты уæлхъус фарста, цавæр чиныг бакæ- сын дæ фæнды, зæгъгæ. Уыцы бон Айсат æрзылд колхозы æппæт быдырон стантыл дæр. Изæрæй йæ фæллад дæр не ’руагьта, аф- тæмæй библиотекæйы февзæрста, колхозонты цы чин- 318
гуытæ хъуыд, уыдон. Чингуыты хыгъд афтæ стыр уы- ди, æмæ сæ быдырмæ фистæгæй ахæссын дыууæ адæй- маджы дæр нæ афæрæзтаи.ккой. Чызг ахъуыды кодта æмæ фæраст/ Бамматовмæ. Колхозы сæрдар ыл банда кодта: — А, чингуыты сæрдар куы дæ уый! Афтæ дæ хо- нынц ныр, æнхъæлдæн. Æгас цу, æгас! Гъы, цы хаба- римæ нæм фæзьшдтæ? Айсат æфсæрмытæгæнгæ загъта, бæх мæ хъæуы, зæгъгæ. Бамматов йæхи фæтар кодта: — Æмæ дын кæм ссарон бæх? Ныртæккæ цавæр рæстæг у, уый нæ зоныс? Нæ къухтæм дæр ма æмха- сæнтæ куы кæнæм... Уæвгæ, фæлæуу, фæлæуу... Бирæ дæ нæ хъæуы, нæ?.. — На, бон иу сахат æрмæст. Алы бон дæр иу брига- дæн ласдзьшæн чингуытæ. — Бон иу сахат, зæгъыс? Уый амал, чи зоны, уы- дзæн. Сихорыл-иу мæнæ мæ бæхыл лас дæ чингуытæ. Мæнон ам куы нæ уа, уæд та-иу агрономы бæхыл ацу... Афтæмæй Айсатæн амал фæци колхозонтæн быдыр- мæ сæ к-уысты бынатмæ чингуытæ ласынæн. Колхозон- тæ уайтагъд фæцахуыр сты сихоры хæрдафон æхсыз- гон уазæгыл: уæд сæм æрыгон библиотекæр Айсат бæхуæрдоны æд чингуытæ æрбацæуы станмæ. Хæдæф- сарм, зæрд^æмæдзæугæ, тымбылдзæсгом, саухил æмæ дынджыр цъæхдзаст чызг быдыры кусджытæн сси сæ уарзондæр адæймаг æмæ æдзухдæр цин кодтой йæ фæзындыл. Айсат дæр хорз æмбæрста, адæмæн хи хъæбулау уарзон кæй у, уый, æмæ йæхицæй бузныг уыд йæхинымæр. Чызг йæхæдæг дæр йæхи нымадта се ’мбар адæй’магыл æмæ сын куыдфæстæмæ сæ куыст- мæ лæмбынæгдæр кæсын райдыдта. Айсат уарзта найгæнæн мусы афæстиат уæвын æмæ адæм хор куыд на’й кæнынц, уымæ кæсын. Найгæнæн машинæ иудадзыг гуыв-гуыв кодта уыциу уагыл, адæм дæр архайдтой, машинæ сæ куыд домдта, иууылдæр афтæ кусыныл: сындæг дæр нæ, тагъддæр дæр нæ, фæ- лæ найгæнæны æмхуызон. Се ’змæлд уыд барст, ца- вæрдæр кафты хуызæн. 319
Уый уарзта, быдыры фæцæйцæугæйæ, нартхоры хуьгмтæ рувæг колхозонты змæлдмæ кæсын, мæнæуы сызгъæрин денджызы комбайн куыд фæленк кæны æмæ фæндагыл дзаг хоры уæрдæттæ куыд ахал вæй- йынц, уыцы цæрддон нывтæм кæсын. Иухатт касти нартхор рувджыты куьгстмæ. «Мæн- мæ гæсгæ, раст нæ кæнынц, — загъта чызг йæхины- мæр. — Егъаудæр нартхоры æвзартыл хъуамæ губакк кæной, мæллæгдæрты та бындзарæй рувой». Уый Ай- сатитæн скъолайы дæр амыдтой. Афтæмæй ныр кæсы, æмæ колхозонтæ бирæ уæлдай нартхоры æвзартæ уагьтой æнæ рывдæй, дыккаг рывд куы кæной, уæд- мæ. Чызг сæ куы фарста, афтæ цæмæн кæнут, зæгъгæ, уæд ын радзырдтой, уый сын агротехник бафæдзæхста, зæгъгæ. Фæстæмæ сæхимæ цæугæйæ фæндагыл Айсат хъуы- ды кодта, агротехник колхозонтæн ахæм æнæхъола амынддз’инад цæмæн радта, ууыл. Нартхоры æвзартæ иууылдæр æмхуызон хорз куы рæзиккой, уæд æндæр хъуыддаг у. Фæлæ уыдон кæрæдзийы хъыгдаргæ кæ- нынц æм’æ афтæмæй рæздзысты лæмæгъæй, уыдзысты мæллæгзæнг. Æмæ дзы ахæм æвзартæ та цас æмæ цас ис!.. Айсат сырх къуыммæ ацыд, кърандас æмæ гæххæтт райста, иу къуьгмы стъолы уæлхъус æрбадт æмæ хын- цын райдыдта. Чидæр дуар æрбахоста. — Мидæмæ! — ахъæр æм кодта Айсат. Дуар æрбайгом, æмæ хъуызæгау мидæмæ æрба- хызт Агав. — Ба’цæуæн ис? — бафарста уый, цыма «нагъ» зæгъыны дзуаппæй тарстис, ахæм хъæлæсыуагæй: Йæ къухы уыди, ныр’ма знон кæй райста бакæсынмæ, уы- цы бæзджын чиныг. йе ’нгас уыди исты аххосджын адæймаджы æнгасау. Хъуыддаг афтæ у, æмæ а фæстаг рæстæджы Агав диссаджы чиныгкæсæг сси. Уымæй дæр касти æнахуыр тагъд: алы бон дæр ып агурын хъуыди ног чиныг. Фæ- лæ Айсатæн уый хъыг нæ уыди, уымæн æмæ йæм Агав æппæты хуыздæр чиныгкæсæгыл нымад уыди. Уый «нæ мæ хъæуы» ницыхуызон чиныгæй дзырдта: æры- 320
гон библиотекæр-иу ын цы чиныг загъта, бакæс æп, зæгъгæ, уый-иу æхсызгонæн райста, суанг уый размæ кæй бакаст, ахæм чиныг-иу ын куы радта, уæддæр. Дыккаг райсом та-иу æй кастæй æрбадавта æндæрæй ивынмæ. Афтæмæй, искуы-иу бонæй фæстæмæ, бухгал- тер алы бон дæр цыди сырх къуыммæ. Йæ куысты фыццаг бонты Айсат иучысыл мæсты кодта Агавмæ, библиотекæйы уый аххосæй кусын, бригады бæсты, зæгъгæ. Фæлæ уалынмæ чызгæй йæ маст ферох ис. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ йын-иу æхсызгон дæр ма уыди Агавы фæзынд, кæд ыл йæхи- пымæр нæ састи, уæддæр. Мæн’æ та ныр дæр, Агавы хурсыгъд цæсгом уыцы æфсæрм æмæ тыхстхуызæй дуарæй куы æрбазынди, уæд чызг бацин кодта: — Мидæмæ, дæ хорзæхæй, сбад! Агав ын арфæ ракодта æмæ бандоны кæроныл æрбадти. — Кусыс? — бафарста чызджы. — Кусын. — Æдзухдæр уыцы иунæгæй? — Иунæгæй. — Уæдæ уæд... — йæ сæр батылдта Агав. — Æмба- рын æй. Исдугмæ сæ дыууæ дæр ницуал дзырдтой. Стæй Агав загъта: — Æз та, иуныхасæй, кæсын райдыдтон ацы чи- ныг æмæ дын — зонгæ æрмæг. Кæсын дарддæр, дард- дæр, æмае дын æрæджы кæй кастæн, ахæм куы ра- зынид! Гъемæ æз дæр мæхинымæр загътон, цон æмæ йæ æндæрæй баивон, зæгъгæ. — Табуафси. Уыцы сахат Агав фæкомкоммæ ис, стъолыл цавæр- дæр хынцинæгтæй сæрæй бынмæ йедзаг чи уыд, ахæм гæххæтты сыфмæ. — Уый та цытæ пымайыс? — бафарста лæппу. Айсат фæсырх и, иуцасдæр фæуыргъуыйау ис, стæй æваст фидарæй загъта: — Цæй-ма, Агав, баххуыс мын кæн, бухгалтер куы дæ. Мæн базонын фæнды, мах куыд рувæм, афтæмæй сæфт цас нартхор цæуы, уый. Абон дын иу бригады 21 Дагъистайнаг зæрингуырдтæ 321
нартхоры хуымты фæцæуын æмæ бафиппайдтон ахæм хъуыддаг: алы квадратон сардзины дæр æнæрывдæй зади æппынкъаддæр æртæ уæлдай нархоры æвзары. Иуныхасæй, гектары ахæм хæмпæл æвзартæ уагъд цæуы авд мины æмæ 500 æвзары бæрц. — Æмæ сæ цæмæн уадзынц хуымы? — Нæ зонын. Афтæ зæгъынц, агротехник, дам, нып загъта, дыккаг рывд куы кæнæм, уæдмæ сæ уадзут, зæгъгæ. Банымайæм ма, кæддæра ахæм хæмпæл æв- зартæ æппæт нартхоры хуымты цас уагъд цæуы. Уый тынг стыр хъуыддаг у. Æрмæст æз нæ зонын, нæ кол- хозæи нартхор цал гектары конд ис, уый. — Ныртæккæ йæ базондзыстæм! — фæцырд ис Агав: цифртæ уымæн уыдысты йæ куысты зæрдæ, йæ удыхъæд. — Æри-ма иу сыгъдæг гæххæтты сыф... Лæппу стъолы уæлхъус æрбадти, цыдæртæ анымад- та, кæрæдзийыл сæ ахатт кодта æмæ йе ’нгас фæтар ис. Нымæц рауад æвæджиауы егъау: милуан æмæ æр- дæгæй фылдæр. — Мæн-пæ цас!.. — ныддис кодта уый. — Гъеуый хъуыддаг у, гъе!.. — Æмбарыс, — йæхи фæкарз кодта Айсат, — дык- каг рывды афонмæ хуымты уый бæрц хæмпæл æвзар- тæ ныууадз! Уыдоныл та хъацæнтæ, зæххы уьгмæл, зæххы сой хардзгонд цæуы. Æмæ утæппæт хæрдзтæ, ай-гъай, дзæвгар фæзындзысты хорæрзадыл!.. — Уæдæ... — Агав йæ къæбут аныхта. йæхи та ныддæлгом кодта стъолы уæлхъус æмæ ногæй цыдæр- тæ нымайыныл схæцыди. Милуан æмæ æрдæг хæмпæл зайæгоиы уал хъæугæ нартхоры æвзарæн сæ холладжы æмбис -куы фæхъауой, уæд хорæрзад уыдзæн дзæвгар æвзæрдæр. Колхозмæ нартхор æрцæудзæн згъæлдæй аст мин путы къаддæр. — Нæ, уымæн афтæ ныууадзæн нæй, — загъта Агав. — Æнæмæнг зæгъ Бамматовæн. Кæд дæ фарс дзурын бахъæуа, уæд æз дæр мæ ныхас зæгъдзынæн. — Бузныг, Агав. — Цæй, цытæ дзурыс! — æфсæрм æмæ райзæр- дæйæ загъта Агав, стæй тарстхуызæй йæ сахатмæ æр- касти: уыдис иуæндæс сахатмæ æввахс. 4 — Цæй, æз цæуын. 322
— Æмæ чиныг та? — йæ зæрдыл ын æрлæууып кодта чызг. — О, фæцæй-мæ-рох кодта! Уыцы чиныг æм ныр дыууæ хатты уыди, фæлæ уый бæрц бирæ сыфтæн дыууæ изæрмæ акæсæн ис! — Айсат, цæй, нæ фæлæ ма æз ацы чиныг ноджы- дæр иу хатт ахæссон, — загъта лæппу. — Цыдæртæ мæ дзы сбæрæг кæнын хъæуы... — Айс, табуафси, — йæ мидбылты йæм бахудтис Айсат. Фæстæдæр, хъæуы талынг уынгты цæугæйæ, Агавы цæстытыл уади уыцы мидбылхудт æмæ архайдта, йæ мидис цы уыди, уый бам.барыныл. Дыккаг бон, сæрдар иунæг куы уыдис, ахæм рæс- тæгмæ бахъавгæйæ, Айсат бацыд уымæ æмæ йын ра- дзырдта, дысон Агавимæ цæуыл ныхас кодта, уый. Стъолыл æрæвæрдта, йæ бахыгъд ньгмæцтæ сыгъдæг- мæ ног кæм рафыста, уыцы гæххæтт. Уыдон бæ- рæг кодтой, ныртæккæ нартхоры рывд цы æгъдауыл æвæрд у, афтæмæй колхозыл стыр зиантæ кæй цæ- уы, уый. Бамматов чызджы бафарста: — Æ-мæ ды та уыдæттæ кæцæй зоныс? — Æз быдыры вæййын æмæ сæ мæхæдæг федтон. Агротехник раст нæ кæны, Ахмед, уый зиан хæссы æгас колхозæн дæр. Колхозы сæрдар, йæхи фæхъуынтъызхуыз кодта. — Кæсыс амæ! Нырма дыууæ боны йедтæмæ нæ- ма кусыс колхозы, афтæмæй дæ хъæстытæ дæ разæй фесты. — Уый хъаст нæу, Ахмед! — сæрдары ныхас фæ- хъыг ис Айсатæн. — Уый... уый критикæ у... Бамматов бандоныл йæхи фæстæмæ ауагъта, цыма хъуыды дæр ницы кæны, уыйау, стæй йæ дзыппæй оис- та мундштук æмæ æваст йæ дзыхыдзаг ныккæл-кæл кодта: — Критикæ! О хуыцау!.. Уæ, мæ зæрватыччы лæп- пын, — худæгæй къæцæлтæгæнгæ дзырдта сæрдар. — Худгæ ма кæн, Ахмед! — фæхъæр ласта Айсат.— Ды хъуамæ уыцы хъуыддагмæ ахæм цæстæй ма кæ- сай... Нæ дын æмбæлы!.. — Чызг ма цыдæр зæгъынмæ 323
хъавыд, фæлæ кæуындзæг йæ хъуырмæ схæццæ, уый бамбæрста æмæ кабинетæй æддæмæ разгъордта. «Нæ йæм кæсут; цавæр адæймаг сси, уымæ! — хи- нымæр ахъуыды кодта Бамматов, йæ худынæй куы банцад, уæд. — Куыд хъæддыхæй дзуры! Уый хорз у, адæймаг дзы рауайдзæн...» Сæрдар Айсаты хынцинæгты гæххæтт йæхимæ æр- байста. Чызджы ныхæстæ æмæ йæ уæлдайдæр та ны- мæцтæ зæрдиагæй ахъуыды кæнын кодтой. Чй зоны, раст у чызг... Изæры сæрдары кабинеты æрæмбырд сты колхозы бригадиртæ, полевод æмæ агротехник. Бамматов ар- выста Айсатмæ дæр. Уый бадти æлхынцъæрфыгæй, тамако дымдта иу иннæйы фæдыл. — Мæ зæрды уын зæгъын ис иу хъуыддаг, — рай- дыдта дзурын сæрдар, иууылдæр сæ бынæтты куы æр- бадтысты, уæд. — Мах азымджын кæнынц, нартхоры хуымтæм æвзæр кæй зилæм, уымæй. Кабинеты уæвджытæ иуцъусдугмæ бынтон фæхъус сты, стæй иууылдæр уьщы иумæ сдзырдтой: V — Куыд сæм зилæм æвзæр? — Чи нæм хæсеы уыцы азым? Бамматов йæ къух уæлæмæ систа: — Чи, уый диссаг нæу, диссаг уый у, æмæ нæ куыс- ты хъæндзинæдтæ æцæг кæй ис. — Цавæр хъæндзинæдтæ? — йæ бынатæй бахъæр кодта агротехник. — Мах æппæт дæр кæнæм агротех- никæйы амындтæм гæсгæ. — Æвæццæгæн, бынтон афтæ нæу хъуыддаг. — Уæдæ ма исчи зæгъæд, раст цы нæ кæнæм, уый! Бамматов аздæхт Айсатырдæм æмæ йæм амонæн æнгуылдзæй фæсидти: — Ардæм-ма рацу, Айсат, æмæ-ма зæгъ дæ ныхас. Айсатмæ иууылдæр дисгæнгæ кастысты, афтæмæй бацыди сæрдариуæггæнæджы стъолы размæ. — Уьгй æз зæгъын, нартхормæ раст зылд нæ цæуы, зæгъгæ!— загъта чызг.— Стæй агротехникæйы амынд- дзинæдты фыст никуы ис, нартхоры уæлдай æвзартæ ма тонут, зæгъгæ... Чызджы уадултæ арт уагътой, фæлæ уæддæр ныхас кодта ныфсджынæй; Архаидта цыбырдæр дзурыныл. 324
Уый радзырдта, райсомæй сæрдарæн кæй загъта, уы- дон иууылдæр. Фæстагмæ радзырдта йæ бахыгъд ны- мæцтæ. — Æппæт бригæдты афтæ нæ рувынц, — чидæр хъæрæй загъта, кæм бадти, уырдыгæй. — Нæ, æппæт бригæдты дæр афтæ рувынц! — йæ хъуыры абадт Айсат. — Æз алы бон дæр вæййын бри- гæдты æмæ йæ уынын. Алы ран ,дæр уыцы иухуызон рувынц! Адæм та исдуг куыддæр федзæм сты. Сым дæр сæ’ ничиуал кодта. Айсат раст дзырдта. Уын æмбæрстой, йæ ныхæстæ хъыг кæмæн уыдысты, суанг уыдон дæр. Фæлæ гъе уæддæр йæ ныхмæ дзурын райдыдтой. Уæл- дай тынгдæр та йæхи иргъæвта «агротехник. — Цыт кæнын аккаг æмбал Айсат нартхормæ ницы хуызы бар дары, æмæ уый ам цы ныхæсгæ ракодта, уыдонмæ мæ хъус æрдарын мæхицæн нымайын æнæ- зонд хъуыддагыл, — йе ’уæхсчытæ фелхъивгæйæ, рай- дыдта схъæл ныхас кæнын агротехник. Нартхоры фæрссæгтæ æмæ бæзджынтæ фьщцаг рывд кæнгæйæ, мах иучысыл ныууадзæм æнæрывдæй, цæмæй дыккаг рывд кæныны '-афонмæ цы зиантæ æрцæуа нартхоры æвзартыл, уыдон бамбæрзæм, уый тыххæй. Уый фыц- цаджыдæр. Дыккагдæр та уый, æмæ ахæм æгъдауыл кусгæйæ адæмæн фылдæр рувын æнтысы. Уый та ахс- джиаг хъуыддаг у, уымæн æмæ нæ колхозæн нартхор конд ис иу æмæ дыууадæсыссæдз гектары. Æртык- каг та... — Æртьжкаг та дын æз зæгъдзынæн! — йæ ныхас ын баурæдта Бамматов, йæ армытъæпæнæй стъол тынг æрцæвгæйæ. — Æртыккаг та уый, æмæ ды цæгъдыс æнæхъола дзæнгæда! Цавæр сæфтытыл цæуы ныхас? Фæрссæгтæ æмæ бæзджынтæ осорз рывд куы æрцæуой, уæд уымæй хуымыл ницы сæфтытæ цæуы. Куыст тагъддæр цæуы, -зæгьыс? Æмæ кæй хъæуы ахæм тагъд куыст та, уый аххосæй ныл ’хоры зиан цалдæр мин путы куы æрцæу-а, уæд!.. Сæрдар дзырдта дзæвгар, зæрдæбынæй. Агротех- ник бадтис æнкъард æмæ мæстыйæ, йæ рустыл сбадти сырх тæппытæ. Фæстагмæ Бамматов фидарæй бафæ- дзæхста, фыццаг рывд ма кæм цæуы, уыцы зæххытæй 325
уæлдай нартхоры æвзартæ иууылдæр бындзарæй рывд куыд цæуой, афтæ. — Бамбæрстат? — бафарста уый. — Мæ ацы фæ- дзæхст куыд æххæстгонд ’æрцæуа, уый æз мæхæдæг сбæрæг кæндзынæн!.. Айсат кабинетæй рацыд зæрдæвæйлыд, разæнгар- дæй. Уыцы изæр Атав фыццаг хатт сæ хæдзармæ ахæццæ кодта Айсаты. Згъордта рæстæг. Ралæууыдысты июны фæстаг бонтæ. Райдыдта дагъистайнаг сæрды тæккæ æнтæф- дæр афон. Ацы бонты Айсат фæкъæсхуырдæр, фæхуреыгъд- дæр æмæ фæасхуыздæр. Мадмæ афтæ касти, цыола йын йæ хъæбулы исчи ивгæ бакодта. Кæй бауырныдтаид, уыцы къаннæг чызджы уæнгты уый бæрц хъару ис, уый! Айсат-иу сæ хæдзарæй рацыди боныцъæхтыл æмæ-иу фæстæмæ æрбаздæхт изæрдалынгты. Чызг æмбаргæ дæр нæ бакодта, куысты куыд аныгъуылдис, уыцы куыст йæ царды ахъаззагдæр ми кæй сси, уый. Нарт- хоры уæлдай æвзартæ рувыны хабар колхозонты цæсты скадджын кодта Айсаты. Бригадиртæй иуæй-иутæ сæхи дæр ма хъахъхъæдтой уьщы чызджы æппæтуынаг цырд цæстытæй. ... Иуахæмы Бамматовы уæрдон дæр æмæ агрономы уæрдон дæр хъæуы нæ уыдысты. Айсатæн æндæр амал нæ уыдис æмæ, иннæ ахæм бонтау, чингуытæ сбаста, йе ’ккойы сæ скодта æмæ быдырмæ арасти фистæгæй. Уæззау чингуытæ æнтæфы хæссын зын уыди, кæй зæгъын æй хъæуы. Хъæугæронмæ куы рахæццæ, уæд æрлæууыди, йæ чингуыты баст йе 'у'æхскæй æриста зæхмæ æмæ фæллад улæфт ныккодта. Уыцы сахат йæ хъустыл ауад кæйдæр хъæр. Айсат фæкасти. Фæндагыл арæнхъ сты цалдæр галуæрдоны, сæ гуыффæты — бæрзонд мигæнæнтæ. Уыдон быдырмæ ластой дон, пæллахъгæнгæ. — Æри, Айсат, дæ чингуытæ дын ба^хæццæ кæнæм станмæ! — æрбадзырдта йæм донласджытæй иу — саухил, булкъдастсæр Анвар. - Лæппу Айсаты чингуытæ айста, уæрдоны сæ разæй 326
сæвæрдта æмæ сæ брезентæй бамбæрзта, доны пыр- хæнтæй куыд нæ ныххуылыдз уой, афтæ, стæй ахъæр кодта галтыл. Чызгæн ’цыдæр æхсызгондзинад лæвæрдта, чи фæ- цæттæ кæны, уыцы нартхоры рæзты раст уæрдонвæн- дагыл фистæгæй цæуын. Мигæнæнты дон цæллахъхъ кодта æмæ-иу сæ былтæй ракалд, денджызы уылæн йæхи бæрзонд был кæнæ хохы тигъыл куы скъуыра, уый пырхæнтау. Хатгай-иу уа’зал доны æртахтæ ба- калдысты Айсаты цæсгомыл дæр, æмæ йын-иу уый дæр æхсызгон уыди уьгцы æнтæф фæн-дагыл. Айсат æмæ Анвар цыдысты æнæдзургæйæ, .алчи йæхи хъуы- дыты аныгъуылгæйæ. Фæндаджы фæзилæны нартхоры хуымы арф бацыд иу хъамылджын зæххы гæбаз. Ансат-иу нырæй размæ дæр федта уыцы хъамылджын æрдузгоид, фæлæ йæм йе ’ргом никуы аздæхта. Ныр дæр та йæ рæзты æн- цад-æнцойæ ацыдаид, Анвар куы нæ уыдаид, уæд. Хъамылджыны рæзты куы фæцæйцыдысты, уæд лæп- пу йæ тых-йæ бонæн ехсæй уыциу дзæхст ныккодта хъамыл. — Цæмæн æм афтæ м’æсты дæ? — фæджих æм ис чьгзг. — Куыд нæ йæм уон æниу мæсты! — æваст фæ- зылд чызджырдæм Анвар. — Ам ’ма, раздæрау, суадон куы уаид, уæд æз ныр быдыры нæ кусин? — Æмæ ам раздæр еуадон уыди? — бадис кодта Айсат. — Уæдæ! Уымæй дæр цавæр суадон! Уазал, раст цыма ихджын фурдæй цыдис, ахæм... — Æмæ уæдæ ныр цы фæци? — Æмæ йын чи цы зоны! Æвæццæгæн, бахуыскъ ис. — Æцæг зæгъыс?.. — Айсат йæ сæр банкъуыста. Æцæгдæр, быдырты фаг нæй дописæнтæ. Колхозонтæн дон быдырмæ ласын хъæуы хъæуæй аст-фараст кило- метры æддейæ. Æмæ уый колхозæн аслам нæ цæуы. Колхозы ис дæс быдыроп бригады, æмæ дзы алкæцы- йы дæр ис йæхи доиласæг. Быдыры куыстытæ сæ тæк- кæ тынгыл куы сты, уæд дзы иппæрд сты дæс адаш- маджы, ссæдз галы æмæ дæс уæрдоиы!.. Айсат уыдæттыл хъуыды кодта, фæндагыл цæугæйæ. 027
Æвдæм бригады зæхмæ куы бахæццæ сты, уæд Ан- вар загъта: — Цæй, æз ардæм цæуын. Ды та кæцырдæм дарыс дæ фæндаг? — Дæсæм бригадмæ. — Уартæ æртьжкаг уæрдон уырдæм цæуы. Æри, дæ чингуытæ дын æз уыцы уæрдонмæ ахæссон... Дæсæм бригад куыста æппæты дарддæр зæххыл. йæ колхозонты фылдæр хай цардысты быдырон ста- ны. Ам сын уыди сæхи библиотекæ, патефон. Айсат сын байуæрста чингуытæ, йæхимæ ныффыста иннæ хатмæ кæмæн цавæр чиныг æрбахæсса, уый, стæй сын хæрдафон хъæрæй бакаст хабæрттæ ногдæр газеттæй. Ныр та уаргъ æмбис къаддæр фæци æмæ цырд фæ- расти дарддæр, комбайнертæм. Хъæлдзæг фæсивæд чызгæн лæгъстæ кодтой, немæ сихор бахæр, зæгъгæ, фæлæ Айсат нæ бакуымдта. Уый донисæнтыл хъуыды- тæ æнцой нал уагътой æмæ йæ зæрды уыди, цалынмæ изæры летучкæ нæ райдайа, уæдмæ Бамматовимæ аны- хас кæнын. Хъæумæ æрбаздæхтис раджы, фæлæ ма колхозы сæрдар кæмдæр быдыры уыди. Ныхас аргъæвын ба- хъуыд изæрмæ. Айсат колхозы сæрдармæ бацыд летучкæйы фæстæ. Уæдмæ адæм сæ хæдзæрттæм ацыдысты. Ахмед уыди иунæг. Уый цыдæр фыста æнувыдхуызæй, æмæ Айсат куы бацыд, уæд æм мæсты каст ракодта. — Мæнмæ æрбацыдтæ? — бафарста йæ. — Цы æр- цыди? — Æз дæм уæрдæтты тыххæй... — райдыдта Ай- сат. — Цавæр уæрдæтты тыххæй? Æз дын æдзух мæхи уæрдон куы дæттын, цы ма дæ хъæуы? — Уый тыххæй нæу мæ иыхас! Доны тьгххæй дзу- рын... — Ницы дын æмбарын, хуыцау ды базон! Бæл- вырддæр дзур, мæн не ’вдæлы ныхæстæм. — Мæн демæ аныхас кæнын фæндыд, бригæдтæм дон цы уæрдæтты ласынц, уыдон, стæй сæ ласгæ чи кæны, уыцы адæмы тыххæй. — Гъы, цы зæгъынмæ хъавыс уыдоны тыххæй? 3?8
— Уыдон спайда кæнын хъæуы быдыры куыстыты: адæм дæр, галтæ дæр, уæрдæттæ дæр. Сæрдар та бандоныл йæхи фæстæмæ ауагъта, куыд ахуыр уыд, афтæ: — Æрбайхъус-ма: дæу та цы кæсы уыдæттимæ? — Иннæты цы кæсы, мæн дæр уый. — Ау? Уæууа! Фæлæ уæддæр æзне ’мбарын: чи дæ ды, — агроном æви, чи зоны æмæ, колхозы сæрдар? Кæд ма исты æмбарын, уæд дæ мах, æнхъæлдæн, библиотекæры бынатмæ куы райстам. — Мæи райстат колхозы уæнггæм! — скæуынæв- вонг хъæлæсæй загъта Айсат. — О, колхозы уæнг- тæм!.. Ба.мматов нал сарæхсти чызгæн дзуапп раттынмæ æмæ цымыдис каст ныккодта Айсатмæ. «Уый дын гъе! Хуымæтæджы чызджы ахæсты нæ фæдæн! — йæ- хинымæр загъта уый. — Сындз у æмæ сындз!» — Хорз, Айсат, — загъта сæрдар фидауæн хъæлæ- сæй. — Цы уынаффæ дæм ис? — Мæ уынаффæ у, колхозонтæн дон, кæм кусынц, уыцы ран самал кæнын, хъæуæй сын æй мауал ласæм. Расыгъдæг кæнын хъæуы зæронд суадæттæ, уæртæ хъамылы бын чи фæци, уыдон. Суадæттæ кæм нæй, уым та зæххыты æхсæн скъахын хъæуы цъайтæ. Уæд адæм нуаздзысты уазал æмæ сыгъдæг дон, кæннод æнæуи дæр ацы дон ласгæ-ласын схъарм вæййы саха-' ты æрдæгмæ. Дæс адæймагæн фадат фæуыдзæн бы- дыры куыстытæ кæнынæн, суæгъд уыдзысты галтæ æмæ уæрдæттæ. Бамматов æм хъуыста, цалынмæ дзырд фæци, уæдмæ. — Афтæ, афтæ, — загъта лæг, Айсат ныхасгонд куы фæци, уæд. — Иуныхасæй, ды афтæ зæгъыс, æмæ быдыры куыстытæ сæ тæккæ тæмæны куы сты, уыцы рæстæджы хъуамæ мах бавналæм алы суадон-муадон- тæ сыгъдæг кæнынмæ æмæ цъайтæ къахынмæ, нæ? Иннæ а’хсджиаг куыстытæ, дæумæ гæсгæ, рохуаты ныууадзæм, нæ? Фæлæуу, фæлæуу! — уый йæ къух хæрдмæ систа, Айсат йæ ныхмæ цыдæр дзурынмæ куы хъавыд, уæд. — Ды, Айсат, зондджын чызг дæ, æмæ дын мах дæ фыццаг фæндон сæххæст кодтам. Уый 329
тыххæй — бузныг. Фæлæ дæ ацы фæндон чи у, уый куыстæн къуылымпыйы хос йедтæмæ ницы у. Æмæ мæм уый тыххæй иу ныхас дæр мауал скæн. Бамбæр- стай? Алыг ис! Айсат сæхимæ æрбаздæхт æфхæрдхуыз, фæлладæй æмæ æхсæвæр дæр нал бахордта, афтæмæй схуыс- сыди. Дыууæ боны, растдæр зæгъгæйæ та дыууæ изæры, сырх къуымы цыди, æвæццæгæн, фæскомцæдисон ор- ганизацийæ фæстæмæ, иннæтæй йæ фæсонæрхæджы дæр кæмæн нæ уыд, ахæм цавæрдæр куыст. Активон архайæг та дзы уыдис колхозы бухгалтер Агав йæхæ- дæг. Айсатмæ уырдæм цыдысты лæппутæ æмæ чызджы- тæ æмæ цæуылдæр карз æмæ зæрдиаг ныхас кодтой. Дыккаг æхсæв, адæм куы бафынæй сты, уæд хъæуæй æд белтæ, къахæнтæ æмæ фæйнæджытæ быдыры- рдæм араст сты аст адæймаджы. Фæндагыл, хъамыл æрдузы цур, фæзынди чысыл арт. Кусынæн Айсат равзæрста хъамылджын, уымæн æмæ бæлвырд зыдта, уым кæддæр суадон кæй уыд,"уый, æ\мæ «йын ныр, чи зоны, асыгъдæг кæнæн уа. Дыккаг та уый, æмæ дзы цъай къахын куы бахъæуа, уæддæр уыцы бынат ис дыууæ бригады зæххы астæу. Фæскомцæдисонты хъуыддаг ацыд: хъамылы ссард- той зæронд, дурты цæнды бын чи фæци, аха^м цъай. Уый ссыгъдæг кæнын тынг. зын хъуыддаг нæ разынд. Хъуыди æрмæст хъамыл ныссæттын, дуртæ сисын æмæ цъайы къултæ барæвдзытæ кæнын. Уыцы куыстытæ куы бакодтой, уæд Айсат ныххызти цъаймæ, йæ къул- тыл цы къаннæг къæпхæнгæндтæ уыди, уыдоныл къух- тæй æмæ къæхтæй арæхсгæ æнцайгæйæ. Бынмæ куы ныххызти, уæд чызг æхсызгонæн банкъардта уымæл уазал. Бинаг къæпхæнæй æргæпп кодта æмæ уæрджы- ты онг ихджын доны скуыси ис. Чызг æргуыбыр код- та, йæ армытъæпæнтыдзаг дон систа æмæ дзы йе ’взаг атылдта. Дон кодта сыджыты ад. Айсаты фæдыл цъаймæ иыххызти Агав. — Гъы, куыд у йæ дон? — бафарста уьпь — Уазал, — загъта Айсат, — стæй зæххы ад кæны. , — Уый ницы хъыгдары, æрбаддзæн, — ныфс ын 330
.авæрдта Агав. — Цæй, ныр дæ зæрдæ æрæнцад. Айсат? — Гъер мын фенцондæр ис! — дзуапп радта чызг. Уый ахæм зæрдæбынæй загъта уыцы ныхас, æмæ Агав фырцинæй йæхицæн бынат нал ардта. Исдугмæ уыдон æдзæмæй алæууыдысты цъайы талынджы, кæрæдзийыл андзæвынæй тæрсгæйæ. Стæй уæд Агав загъта: — Хизгæ уæлæмæ! — æмæ ’йæ уæраг къæпхæнæн ацарæзта. Айсат цъайæ уæлæмæ схызти. Уыди æнафон, бон зына-нæзына цъæхтæ кæнын райдыдта, уæдмæ фæскомцæдисонтæ дæр конд фесты цъайæ донисæн æмæ йыл кæронæй бæндæнæй бабас- той къæрта. Иу-цалдæр сахаты фæстæ, нартхоры хуымтыл зил- гæйæ, уырдæм бахæццæ сты сæ бæхтыл колхозы сæр- дар Ахмед Бамматов æмæ æвдæм бригады бригадир Магомед. — Фæлæуу-ма, — æваст йæ бæх фæуромгæйæ, фæ- кодта колхозы сæрдар. — Уартæ уьгй та цы у? — Мæнмæ гæсгæ, цъай, — загъта бригадир. — Цы сæнттæ цæгъдыс! Æз тæккæ знон ауылты куы цыдтæн, æмæ дзы куы ницы уыди! — Уый йæ бæ- хы æрцавта æмæ хæстæгдæр бацыд. О, уый æцæгдæр уыди цъай. Уыдис ын донисæн дæр, æд къæрта, цъайы былтæ — фидаргонд, дурастæрд. Ахмед йæ бæхæй æрхызти, цъаиæ дон систа æмæ къæртайы былæй хуыппытæ кæныныл схæцыд. Дой уыди уазал, хæрзад, æцæг ма сыджытæй гыццыл—т змæстбын. Уый фæстæ донæй анызта бригадир дæр. — Мæнæ диссæгтæ! — æрмæст афтæ зæгъын баци йæ бон. — Уый уыцы хæйрæджы митæуыдысты, æндæр цы! — Афтæ кæй хоныс? — Айсаты, æндæр кæй! Цавæр чызджы мыггагу!.. Бамматов фæстæмæ сбадти йæ саргъыбæхыл æмæ арасти сындæггай. Иуцасдæр рæстæг цыди æнæдзур- гæйæ. — Йæ фыд Османы йын нæ зыдтай? — æваст ба- фарста колхозы сæрдар. 331
— Куыннæ йæ зыдтон! — Мах уыимæ стыр хæлæрттæ уыдыстæм, — загъ- та .та Бамматов, стæй ма, иучысыл фæхъусы фæстæ, йæ ныхасмæ бафтыдта: — Йæ фыды халдих рауадн чызг дæр. Бригадир иуфарсырдæм бакасти сæрдармæ. Уый Ах’меды зыдта ссæдз азы бæрц, фæлæ йæ ахæмæй ны- ронг никуыма федта. •— Сразы уæвын хъæудзæн йемæ, — загъта Бамма- тов. — Изæры бригадирты æрæмбырды баныхас кæн- дзыстæм. Къуырийы кæронмæ ма ноджыдæр скъахтой фондз цъайы. Сæрд уыди йæ.фæуынмæ æввахс. Иухатт, августы кæрон, Айсат иудадзыгау райсомæй библиотекæмæ кусынмæ куы æрбацыд, уæд тæккæ дуармæ йæ размæ фæци Агав. Лæппу уыди цыдæр мæтхуыз. — Цы кодтай уый? — бафарста йæ Айсат. Агав йæ къух ауыгъта. — Æмæ-гъа, ницы. Байхъус-ма, Айсат, демæ мæ ныхас ис цæйдæр тыххæй... Айсат бадæныл æрбадти кулдуары раз. — Цæй, дзур. Агав чызджы фарсмæ æрбадт. , — Цы, уый зоныс?.. — райдыдта лæппу, йæ бух- талтерон кърандас къухы ратил-батилгæнгæ. — Зæгъ- ’ма мын, дæ хорзæхæй, цавæр фæндтæ дæм ис фидæны тыххæй? — Уый та цавæр фарст у? — нæ йæ бамбæрста чызг. — О, уæд та цы ми кæнынмæ хъавыс, зæгъæм, азымæг? — Диссаджы фарст! Кусгæ. — Колхозы? — Ай-гъай, уæдæ кæм? Иу афæдз бакусдзынæн колхозы, фæкæсдзынæн мæ мадмæ, стæй уæд ахуыр кæнынмæ ацæудзынæн хъæууонхæдзарадон институт- мæ. Æз ма дын айразмæ дæр куы дзырдтон уый тьГх- хæй. Фæлæ мæ уæддæр цæмæн фæрсыс? 332
Агавæн йæ къухы дзуапп раттып нал бафтыд, уы- мæн æмæ уыцы сахат кулдуарæй æддæмæ рахызти Бамматов. — А-а, культурон фронт! — загъта сæрдар æмæ Айсатмæ >йæ къух бадардта. — Цæй, дæхи цæттæ кæ- ныс цæуынмæ? — Кæдæм цæуынмæ? — бадис кодта чызг. — Абои цы бои у: иууылдæр æй цыдæр диссаджы фæрстытæ куы кæнынц? Цыма ныхас бакодтой! — Куыд кæдæм цæуынмæ? Ау, Агав дын æй пæ загъта? — Нагъ. — Уый та куыд, Агав? — Бамматов фæзылд лæп- пуйырдæм. — Æз дын суанг дысон изæрæй куы загъ- тон, фехъусын ын кæн, зæгъгæ. — Дысон æй нæ федтон, — дзуапп радта Агав, йæ цæсгом иннæрдæм азилгæйæ. — Цы æрцыди, уæ хорзæхæй? — мæтгæнгæ бафар- ста Айсат. — Знон изæрæй телефонæй дзырдта райкомы сек- ретарь. Мах районæй дыууæ фæскомцæдисоны æрвыст цæуы ахуыр кæнынмæ хъæууонхæдзарадон институт- мæ. Иу лæппу нæ сыхаг колхозæй, стæй ды. — Æмæ... уæд... æз, Ахмед, — йæ дзыхы дзырд нал бадтис Айсатæн. — Мæнæн мæ зæрды аз бакусын уы- ди... мæ мадмæ фæкæсын... æз... — Уæлдай ныхæстæ ницæмæн уал сты! — баурæд- та йæ Бамматов.—Дæ мады мæт дæ ма уæд. Мах дæуæн дæр æмæ уымæн дæр баххуыс кæндзыстæм. Ацу, мæ къона, ахуыр кæнынмæ. Дæу æнæмæнг ахуыр кæнын хъæуы. Агроном суыдзынæ. Æз сразы дæн дæу ахуыр кæнынмæ ахæм дзырдæй ауадзыныл, цæмæй институт каст фæуыны фæстæ ды кусынмæ æрыздæхай нæхи колхозмæ. Иудзырдæй, уынаффæ конд у, ныхæстæ дзы нал хъæуы. Дæхи барæвдз кæн, райсом цæугæ кæ- ныс. — Сæрдар бахудти йæ мидбылты, йæ къухæй æр- сæрфта чызджы уæхск æмæ арасти фосдæттæм. Айсаты зæрдæ æваст не ’рынцад. А-а! Гъеныр бам- бæрста уый, Агав абон афтæ æнкъард цæмæн у, уый! — Дысон мын цæуылнæ загътай хабар? — бафар- ста Айсат æмæ бавнæлдта Агавы къухмæ. 333
Уæд лæппу сдзырдта асæст хъæлæсæй, алы ныхас дæр, цыма здыйы пут у, уыйау сæ тыххæйты кæн- гæйæ: — Æз афтæ æнхъæлдтон... дæумæ ис астæуыккаг ахуыргонддзинад... ды кусыс... Мæнæй афтæ, мах... Цæй, цы йыл дæрдтыл дзурын: мæн нæ фæнды, кæрæ- дзийæ фæхицæн уæм, уый. Æмбарыс!.. Дыууæйæ дæр дзæвгар рæстæг ницыуал сдзырдтой. Стæй Айсат загъта: — Æз ацæудзынæн, Агав. Ахуыр кæнын мæ фæн- ды. Уæддæр мын иннæ аз æнæ ацæугæ нæ уыд... Нæ ахастдзинæдтæ та дарддæр дæр уыдзысты ныронджы хуызæн, нæ? — Нæ зонын, — загъта Агав. — Нæ зонын... Уый æваст фестади, йæ зæрды ма уыди цыдæр зæ- гъын, фæлæ æрмæст йæ къух ауыгъта æмæ уæззау сан- чъехтæй кулдуарырдæм арасти. — Агав! — фæхъæр æм ласта Айсат, йæ бынатæй стгæйæ. • • Лæппу йæм нæ раздæхта йе ’ргом. Чызг ма цалдæр минуты йæ фæдыл фæкасти. Стæй сындæггай разылди æмæ уынджы уæлæмæ ацыд сæ- химæ. «Ныр куыд уыдзæн? — хъуыды кодта чызг. — Ау, афтæ фæуой нæ ахастдзинæдтæ?» йæ зæрдæ срысти, тынг æй фæндыд аздæхын æмæ Агавмæ бацæуын, йæ къух ын райсын æмæ йын исты рæвдауæн ныхас зæгъын. Фæлæ тыххæй фæуæлахиз йæ уыцы фæндоныл. «Бамбардзæн мæ, — хъуыды кодта Айсат. — Æнæ- мæнг 1мæ бамбардзæн æмæ мæм æрбацæудзæн фæн- дараст зæгъынмæ...» Æмæ куы нæ æрбацæуа, уæд та? Ууыл ахицæн стæм?.. Райсомæй раджы колхозы правленийы раз цæттæ- йæ лæууыди уæрдон. Айсатæн фæндараст зæгъынмæ уырдæм æрæмбырд ис бирæ адæм. Уым уыдысты йæ хæстæджытæ, сыхæгтæ, йе ’мскъоладзау æмбæлттæ, стæй колхозы разамонджытæй чидæртæ. Агав уым нæ уыд. Айсат се ’ппæтæн дæр «хæрзбон» загъта. Мад йæ 334
кæуын нал баурæдта, йæ чызгæн фæндарасты ба кæн- гæйæ. Араст уæвыны тæккæ размæ йыи скъладæй ра- хастой голладжы дзаг алы хæринæгтæ. — Уыдон та цæмæн? Ницæмæн мæ хъæуынц, — ныллæууыд чызг. — Мæнмæ æнæуи дæр æнæхъæн къуыриваг куы ис хæринаг. — Ницы кæны, — загъта Бамматов. — Уыдон та дын колхозæй. Фæндагыл де ’мбæлтты хынцдзынæ. Мæнæ дын адон та, мæ дзыкъы, мæнæй, — бафтыдта ма саст хъæлæсæй йæ ныхасыл æмæ чызджы къухты фæсагъта æхцрты гуцъула. — Фæстæдæр сæм æркæс- дзынæ... - Уæрдон арасти. Айсат ма йæ цæст иу хатт ахаста, «фæндараст» зæгъынмæ йæм чи æрæмбырд, уыдоныл. — Фæлæуут, фæлæуут! Уæрдоны фæдыл згъордта Айсаты уарзон хæлар чызг Шамау, баййæфта йæ, цыдæр фæсагъта Айсаты къухы, йæ бæрзæйыл ын йæхи атыхта æмæ йын ныбба кодта. Айсат -бирæ фæкасти йæ мадмæ, йæ райгуырæн хъæумæ, йæ хъæубæстæгтæм. Уыдон дæр æм сæ къух- тæ тылдтой, цалынмæ уæрдон фæзилæны нæ фæаууон ис, уæдмæ. Хъæу æм куы нал зынди, уæд чызджы зæрдыл æрлæууыд, Бамматов ын йæ къухы цы гæх- хæтты тыхт гуцъу’ла фæсагъта, уый, райхæлдта йæ æмæ йæм йæ цæстытæ дзагъырæй баззадысты: уым уыди дæсгай тумантæ дæс гæххæтты. — Охх, цæмæн, цæмæн, Ахмед! — загъта Айсат æмæ райсомæй нырмæ тыххæйты кæй урæдта, уыцы цæссыгтæ æваст фемæхстысты... Айсат æхцатæ йæ дзыппы авæрдта æмæ æркасти, Шамау æм кæй радта, уымæ. Уый уыди цыбыр фыс- чтæг. Айсат базыдта Агавы почерк. «Фенынмæ уал, Айсат! Фæндараст фæу. Ныффысс- иу мæм, дæ хорзæхæй, кæд мæм мæсты нæ кæныс, уæд...» Айсат йæ мидбылты бахудт, цæссыг калгæ: «Ныффысдзынæн! Æнæмæнг дæм ныффысдзы- нæн!..»
Магомедов Муса СИХЫ ФÆСТАГ БАЛЦ Æвæдза, нана диссаджы адæймаг у! Гыццыл сы- вæллонæй уæлдай нæу, алцы дæр æй уырны: дзæнæты æмæ зындоны тыххæй цы аргъæуттæ æрымысыдысты, уыдæттæ, мæрдты бæсты цардг. Уæлæуыл адæймагыл цыдæриддæр æрцæуы, уыдо- нæй та фæзæгъы: «Хуыцауы арæзт хъуыддæгтæ сты!» Иу сатæг уалдзыгон бон дын фæлладæй мæ куыс- тæи æрбацæуын, нанаты уæлхæдзар мæ кæстæр æф- сымæр Дибир лæууы æмæ мæм йæ къух тилы: тагъд- дæр рацу, зæгъгæ. Æз дын мæ хъæбысы цы кæрдæ- джы æргъом уыд, уый кауы сæрты баппæрстон æмæ хæдзармæ фæтагъд кодтон. Кæсын, æмæ нана дуармæ бады, йæ зæронд куы- рæт — йæ уæлæ, йæ къуылых къах кæрдæгыл адаргъ кодта, афтæмæй хъуылæг цæгъды. Кæддæриддæр-иу мах куы ауыдта, уæд-иу нæм рæвдаугæ худт бакодта, кæд ныр æнæхъæн лæгтæ уыдыстæм, уæддæр, æмæ-иу тагъд-тагъд исты зæрдæлхæнæн агурынмæ фæци. Фæ- лæ мæм ацы хатт куыддæр æнахуыр каст æрбакодта, цыма цæмæйдæр фæтарст, уыйау æмæ хъуылæг цæгъ- дыныл смыхуыр. Стæй мæм дзуры: — Абон нанайы сымахмæ не ’вдæлы. Уæлæ ма уыцы абырæджы æрхизын кæн, — ацамыдта уæлхæдзармæ 336
Дибирмæ, — æмæ уал исчердæм ацæут, уæхи аир- хæфсут. «Диссæгтæ! Цымæ йыл цы æрбамбæлд? — ахъуы- ды кодтон мæхинымæр, куыддæр мæм хардзау дæр ма æркаст. Уалынмæ дын Дибир мæнмæ æргуыбыр код- та, æмæ йæ нана куыд нæ бамбара, афтæ мын хæдза- ры дуармæ мидæмæ амоны. Фæлæ мын цы амыдта, уымæн ницы бамбæрстон, æмæ мæм уæд дзуры: — Аслудин-сих та нæм фæзынд. Фæлæиæ ацы хатт мах ам æрбынат кæнын нæ бауадздзыстæм, — йæхæ- дæг барæй йæ къахимæ архайы, цыма йын дзы сындз бауад. йæ амонд уыд, æмæ нана хъусæй хорз нал уыд æмæ йæ нæ бамбæрста. Æз дуары зыхъхъырæй мидæмæ бакастæн. Уынгæ дзы никæйы фæкодтон, фæлæ дын мæ хъустыл цыдæр дыв-дыв, стæй боннымайæнты къæрцц-къæрцц ауад. «Цымæ та цæмæ рахæццæ ис? Аслудин-сихы фæлитой ныхæстыл ма чи æууæиды, ныр ма ахæм разындзæн?» Хæсты заманы Аслудин-сих иу-цалдæр хатты абæ- рæг кодта нæ хъæу æмæ-иу цыма нанайыл хур ракаст, афтæ æхсызгон-иу ын уыд йæ фæзынд. Абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы, 1944 азы нæм куы уыд, уый. Цæрмын кæрцы, йæ къухы лæдзæг, йе ’ккой хордзентæ, афтæмæй нæм скуыси. Дзьгрдта сын- дæг, фæлмæн, сылгоймаджы хъæлæсы уагæй. Дзургæ- дзурын-иу йæ былтæ куыддæр æнад стæрд акодта. Изæры нана хъуг дуцынмæ куы ауад, уæд дын уый дæр йæ боннымайæнтæ фæуагъта æмæ Дибиры къа- хынмæ фæци: фарста йæ, хъæуы ногæй цы ис, фрон- тæй æвзæр хабар кæмæй ис, уыдоны нæмттæ, аивæй фæлвæрдта, хъæубæстæй чи цæмæй рынчын у, уыдæт- тæ базоныныл. Нанайы къæхты хъæр куы айхъуыста, уæд лæппуйы фæуагъта æмæ та йæ боннымайæнтыл смыхуыр. Дыккаг бон æм сæумæцъæхæй зæрондæй, ногæй фæрсынмæ цæуын байдыдтой. Сæ фырттæ фронты кæ- мæн уыдысты, уыцы сылгоймæгтæ йын сусæгæй кæл- мæрзæны къабæзты æлхынцъ бастæй хастой «лæвæрт- тæ». Цыдысты йæм фæрсынмæ, сæ лæгтæ фронты кæ- мæн уыдысты, ахæм сылгоймæгтæ, се’фсымæрты уынд- мæ чи бæллыд, уыцы чызджытæ. Аслудин, йæ къæхтæ 22 Дагъистайиаг зæрингуырдтæ 337
йæ быны бакæнгæйæ, тъахтиныл бадт æмæ-иу, йæ сырх æрфгуытæ хæрдмæ скæигæйæ, сылгоймæгтæм тæри- гъæддаджы каст бакодта. Цалыпмæ-иу фæрсын нæмл райдыдта, уæдмæ-иу æй цы базонын фæндыд, уымæй аивæй фæкъахта, стæй-иу цыдæртæ дыгъал-дыгъул байдыдта, æмæ-иу йæсæрæй акув-акув систа. Фæстаг- мæ-иу йæ дæлармæй пырхытæ цъары мидæг хъуыраны чиныг райста æмæ-иу ын, йæ цæстытæ бацъынд кæн- гæйæ, йæ сыфтæ иугай фæлдæхта. Ахæм бонты-иу сихæн цы ыæ хастой: цæхджын фыд зæгъай, дыргътæ, æйчытæ, æхца — кæрон сын нæ уыд! Уæд дын мын иуахæмы Дибир, æйчытæм ацамон- гæйæ, афтæ: — Цæй-ма, амырхæм ын сæ,—нæ уазæг сæ чыргъæ- ды æвæрынмæ æрцæттæ кодта. — Нæ хъæуы, — нанайы зæрдæхудты бацæуынæй тæрсгæйæ, загътон æз. — Уый тæригъæдыл нымад у. Дибир кæд зæххæй уæлæмæ дæр нæма зынди, уæд- дæр йæ сæр хорз ахста. — Дзæгъæлы фæдзырдтон знон сихæн нæ хъæуы хабæрттæ. Нæ кастæ, Маймунатæн афтæ куы загъта: «Иссæ дын тагъд адзæбæх уыдзæн», зæгъгæ, уæд ус дисæй куыд амард! Æмæ Иссæ уæлхæдзарæй рахауд, уый йын чи загъта? Æз. Уæдæ Маймунат цы æйчытæ æрбахаста, уыдонæй мæнмæ дæр хауы. Дибир дæлæ-уæлæ нал фæкодта, фæлæ æйчытæй дыууæ йæ дзыппы атъыста. Фæлæ сих дæр, фæливын чи куымдта, ахæмтæй нæ уыд, — цы йын хастой, уыдон ын, æвæццæгæн, кæд- дæриддæр нымад уыдысты, æмæ йæ нанайыл сар- дыдта. Нана дыи фæчиу-фæчиугæнгæ, махмæ æрбахæццæ , æмæ, мæстæй пихуылæйттæ калгæ, афтæ: — Уыцы æйчытæ ма сæ бынаты сæвæрут, абырджы- тæ! Кæннод уыл йе ’лгъыст цæуы. — Æмæ исты уыдон сихы уыдысты? Мах уымæй куы ницы радавтам, — загъта хинæйдзаг Дибир æмæ дуарæдде фæци. — Аййаф æмæ иæ æрцахс уыцы абырæджы! — зæгъгæ, мæнырдæм фæци. — Хистæр дæ ды. — Аслудины чыргъæды бирæ æйчытæ ис, кæд ын 338
нæ фаг кæнынц, уæд ма иу æдылыйы асайæд æмæ та йып — æйчытæ. — Астафыр-æллæх! Батæригъæд кæн, хуыцау, — зæгъгæ ма сдзынæзта нана æмæ сæхирдæм фæраст. Дыккаг райсом дын Дибиры гуыбын æлхынцъытæ куы байдаид. Нана фæтарст æмæ сдзырдта: — Хуыцау ын ныббарæд, сихмæ давынмæ чи бауæн- дыд, уыцы адæймагæн! Хуыцауы цæст уынаг у! Стæй фæдзырдта хæбуздзыхъ Абидмæ (афтæ дзырдтой, цæстытутæм, дам, дæсны у). Абид загъта, зæгъгæ, лæппу цæстдзыд у æмæ хъуамæ йæ гуыбыны цармыл аратул-батул кæна, бæгъæввадæй митыл асима, кæннод ын йæ къухы хос нæй. Уалынмæ дын чидæр афтæ куы зæгъид, лæппу фырхæрд ма бакæнæд, зæгъгæ. Уæд ын йæ ахсæн асыгъдæг хъæуы. Æмæ, æцæгдæр, Дибир уайсахат адзæбæх. Хæсты фæстæ Аслудин бирæ рæстæджы дæргъы нæ хъæуы йæхи нал равдыста. Афтæ кæмæй загъта, сæрæ- гас хæдзар ссардзысты, зæгъгæ, уыдонæй чидæртæ фронтæй нал сыздæхтысты. Амондджын цардæй зæр- дæ кæмæн бавæрдта, уыцы сылгоймæгтæй дæр цал- дæр идæдзæй баззад. Дызæрдыггаг нал уыд, сих адæ- мы кæй сайдта. Фæлæ ма уæддæр разынди ахæмтæ, Аслудины фæлитой ныхæстæ кæй уырныдтой. Уыдо- нæй иу уыд мах нана. Мæнæ та ныр дæр Аслудин-сих нанайы хæдзары бады æмæ цыдæр æнахуыр ныхæстæ дыбал-дыбул кæ- ны. Ныр та йæ гæды ныхæсты дзæкъул æвдæлон кæ- нынмæ фæуыдзæн! — Нана, цымæ ацы хаттта кæй асайдзæн уæ дæ- сны? — афарста Дибир. — Астафыр-æллæх! Астафыр-æллæх! — батылдта йæ сæр нана. — Ныр кæдмæ ахæм æнæзонд уыдзы- нæ? Нæ ныууадздзынæ, цалыимæ та ногæй сихы æл- гъыст дæ артæнты нæ фæмидæг уа? — Тæрсгæ ма кæ, нана, йæ кæлæнтæй мыл ницы æрцæудзæн, йæ боцъойы иу æрду дæр цалынмæ нал уа, уæдмæ куы æлгъита, уæддæр, — мæстæймарæгау загъта хъæлдзæг Дибир. — Ныхъхъус у дын зæгъын! Уæллаг дæ фехъус- дзæн, — сцагъта йæ къухтæ нана. — Уæлхæдзарæй 339
æрхиз æмæ уæхимæ цæугæут. Æз абон сымахыл нæ дæн. — Цалынмæ уыцы сæгъы боцъо ардыгæй ахъуыт- ты уа, уæдмæ нæ пыууадздзынæн, — уæлхæдзарæй хизгæйæ, дзырдта Дибир. — Талынг адæмы ма фæли- вæд. Ныртæккæ йæм бацæудзынæн æмæ йын комком- мæ зæгъдзынæн... — Хуыцауы хатыр бакæ! — алæууыд зæронд ус дуарыл. — Хуыцау дыл йæ бæллæх ма сæвæра! — Ныууадз, Дибир, цом нæхимæ. Рахæцыдтæн ме ’фсымæры къухыл, нæ фырнымд нана куыд ратыхст, уый куы федтон, уæд. Фæндагыл Дибир, хъуыр-хъуыргæнгæ, дзырдта: — Цæй фæскомцæдисонтæ стæм мах! Махæй æн- дæр чи уыдаид, уый йæ нанайы сæрызонд рæстырдæм раджы сарæзтаид, афонмæ йæ бауырнын кодтаид, хуыцау ’кæй нæй, ууыл. — Ды куыд æнхъæл дæ, уый афтæ æнцон хъуыддаг нæу. Нана йæ хуыцауыл афтæ æууæнды, афтæ йыл са- хуыр, æмæ дзы æнцонтæй нæ фæхицæн уыдзæн. Фæлæ цыфæндыйæ дæр уыцы фæлитойы хахуыр митæ хур- мæ ракалын хъæуы: Цы æрхъуыды кодтон, уый зоныс? Нæ фæлæ, кæй фæсайдта, уыцы сылгоймæгты иууыл- дæр æрæмбырд кæнæм, стæй хъæусоветы сæрдармæ бацæудзыстæм æмæ æмгуыппæй Аслудины нæ разæй скъуым’бил кæндзыстæм. Дибиры зæрдæмæ мæ фæнд тынг фæцыд, æмæ сих кæи афæлывта, уыцы адæмыл зилгæ ацыдыстæм. Сæумæрайсом нанатæм балæууыдыстæм. Нæ хæд- фæстæ хъæусоветы сæрдар Муху дæр уырдæм æрба- хæццæ. Фæлæ дын Аслудин-сих уым куынæуал разы- нид: нана ма фынæй уыд, афтæмæй сусæгæй адымдта. Иана, мæгуыр, тынг мæсты уыд æмæ йæ пырх махыл акалдта. — Сымах æй фæсырдтат, сымах, уыцы хуыцауы уарзон адæймаджы, абырджытæ! — Æцæг адымы^ъе ласта сих? — дисы бацыд Муху. — Æз та ма мæ мæгуыр зæрдæйæ уымæ æрба- цыдтæн, афæрса мын, зæгъын. Уыцы рæстæджы дын нана йæ кæрчытæм Сидын ’куы сисид: 340
— Дзиу! Дзиу! Дзиу! Цы дæлдзæх фæдæ, цы, хъæрццыгъайы амæттаг фæуай! Нана кæркдоны йæ сæр фæцавта. — Мæ къуырттон карк цыдæр фæци. Дзиу! Дзиу! Дзиу! Фæлæ к’арк цыма зæххы скъуыды ныххауд. — Хæйрæджы æлгъыстытæ! — йæхи ныл æр- баскъæрдта нана. — Хуыцауы уарзон лæджы фæсырд- той æмæ нын нæ хæдзары бæркад йемæ фæхаста. Мæ тæккæ хуыздæр карк æрбайсæфт! Уæд дын æй Дибир куы афæрсид: — Ма кæ, нана, сих дын æй ма афардæг кæнæд. Æвæццæгæн æм йæ зæрдæ сдзырдта, балæвар кæнын- мæ йын æй хъавыс, зæгъгæ. — Астафыр-æллæх! Табу—дæхицæн. Исчи ма сихæй афтæтæ дзуры? — Лæппутæ, зæронд усы цæмæн мæстæй марут?— рахæцыд йæ сæрыл нæ сыхаг Мæхæмæт-хадзы. — Мæ хъуджы аргъ карк мын адавдæуыд, — сдзы- нæзта нана. — Ныр ма цы кæндзынæн? — Урс карк ма уæд?.. — йæ сугты æргъом зæхмæ æруадзгæйæ, афарста Мæхæмæт-хадзы. — Æмæ йæ Аслудин-сихæн уæй нæ акодтай, Патымæт? — Хуыцау — ме ’вдисæн, ницы ауæй кодтон. — Царциаты диссæгтæ! Доны был æрлæууыдтæн, мæ фæллад суадзон, зæгъгæ. Кæсын, æмæ Аслудины хордзены дзыхæй дæ урс карк йæ сæр сдардта. Сих йæ хордзентæ дурыл æрæвæрдта, йæхæдæг æддæдæр нæу- уыл ламаз кæны. Мæхи нал баурæдтон æмæ сихы куы 7 афæрсин: «Дæ хорзæхæй, зæгъын, Патымæтæн йæ зæрдæ куыд бакуымдта йæ хуыздæр карчы ауæлдай кæнын?» Уый дын мын уæд афтæ: «Цæуылнæ хъуамæ бакома, кæд æмæ йын йæ ныхты армы дзаг æхца фæ- сагътон!» Стæй йæ хордзентæ сæккой кодта æмæ хæр- ды сфардæг. Нана сагъдауæц баззад, — Дæ мæрдтыстæн, æцæгæй дзурыс? — æрæджиау афарста нана. — Цæмæн дæ сайон, бауырнæд дæ, цы федтон, уый зæгъын, — дзуапп радта Мæхæмæт-хадзы æмæ йæ суг- ты æргъом сæккой кодта. 341
— Астафыр-æллæх! — сдзыыæзта нана æмæ йе ’нхъырдтæ цæсгом афæлурс. Йæ «ъухтæй ма, мæгуыр, йæ сæрмæ фæлæбурдта, дзуццæджы æрбадт æмæ, "хо- хырдæм кæсгæйæ, джихæй баззад.
Меджидов Кияс ЗИВÆГТÆНАГ НАЗЛР А р г ъ а у Иу изæр Назары фыдыус уæлхæдзарæй рахъæр кодта: — Назар! Нæ хъуг не ’рбацыд. Ныртæккæ цæугæ æмæ йæ ссар! — Мæ бон нæу!—бахъынцъым кодта Назар.—Зи- вæг мæ йæ быны скодта. — Æз дын «мæ бон нæу» зæгъдзынæн, фæлæуу! Бавзар-ма æнæ хъугæй æрбаздæхын. Дæ цæстæй кæр- дзыны къæбæр дæр нæ фендзынæ! Стæй ма дын дæ хъустæ дæр сиваздзынæн, зивæджы дзæкъул! Назар зивæггæнгæ йæ иу фарсæй иннæмæ ра- фæлдæхт тутайы бын кæрдæгыл, стæй рабадти йæ ком ивазгæ. — Цæй, хорз. Ацæудзынæн! Æмæ зивæггæнаг Назар арасти, йæ цæстытæ чер- дæм арæзт уыдысты, уыцырдæм. Фæцыди æнæхъæн æхсæв æнæ исчердæм фæзил- гæйæ. Боныцъæхыл бахæццæ ис иу бæрзонд хохы бынмæ. Къахвæндаг агурын æм пæ цыди, æмæ Назар раз- дæхти фæстæмæ, фæлæ йæм уыцы сахат бæрзонд хæм- пæлæй райхъуысти цыдæр уынæр æмæ загъта, уый, æвæццæгæн^ сæ хъуг хизы уым хæстæг. 343
Куыннæ бацин кодтаид НаЗар! Йæ фыдыус дæр дзы разы уыдзæн: ратдзæн ын æхсыр æмæ дзул! Сæхи- мæ цæуын дæр ын — æнцон: сæ хъуджы къæдзилыл хæцгæ уайдзæн. Æмæ Назар, хæмпæлтæ йæ къухтæй фæйнæрдæм кæнг#, арасти, йæ фыдыус-иу хъугæн цы зарæг кодта, уый заргæ: Мæ удыгага — джан-хъуг! Мæ хæдзар дар — мерджан-хъуг!.. Уалынмæ дын къæдзæхы рæбынæй æваст фæцыд æвирхъауы богътæ, æмæ дынджыр тар-бур арс зивæг- гæнаг Назары йæ быны ассæста. Назар æрхауди, æмæ йын арс йæ фæтæн къахæй йæ цæсгомыл æрлæууыд. Назар фыртарстæй улæфгæ дæр нал кодта. Арс банхъæлдта, уæдæ лæппу амардис, зæгъгæ, æмæ иуварс ацыди. Стæй уæд Назары бæрзæйыл фæ- хæцыд æмæ йæ дуртæм баласта, хæмпæлтæй йæ бам- бæрзта æмæ сыл уæле иу стыр дур æрæвæрдта. Назар æрчъицыдта сихæрттыл, "хур арвы астæумæ куы ссыди, уæд. Цъиутæ тъæллангæй зарыдысты алы рæттæй, къæдзæхы фале кæцæйдæр цыди фиййауы уа- дындзæй уаст. Назары зæрдыл æрлæууыд, боньгцъæхтыл ыл цы æрцыд, уый, æмæ ныккуыдта. Кæуынмæ æрбазгъордта фиййау. Назары хæмпæл- ты бынæй раласта æмæ йæ бафарста: — Уый дæ чи баныгæдта хæмпæлты бын? — Нæ хъуг сæрра ис! Уый арс фестади æмæ улыл йæхи ныццавта, — дзуапп ын радта Назар. — Æ, æдылы къоппа! — ныххудти фиййау. — Уæ хъугыл уын дысон бирæгъ фæхæцыди. Дæ фыдыус йæ сæрыхъуынтæ тоны мæстæй æмæ дæм тынг æртхъирæн кæны: уымæй афтæ ма ды хъуг агурынмæ нæ ацыдтæ, фæлæ кæмдæр къудзитьг бын фынæй кæныс. Уый дын хорз фæуыдзæн, фæлæуу, амбæла дыл! Назар байхъуыста фиййаумæ æмæ мæты бацыд: сæхимæ йын цæуæн нæй, фыдæнхъæл фæци æхсыр æмæ дзулæй дæр. 1 «Цы гæнæн ис, нæ ацæудзынæи хъæумæ* цальшмæ 344
мæ фыдыусы маст ссæуа, уæдмæ», — загъта лæппу йæхинымæр æмæ арасти фиййауы фæстæ... , Фиййау фæтæригъæд кодта Назарæн, — радта йын цыхт æмæ дзул. Назар раарфæ кодта фиййауæн, суадоны донæй йæ фаг банызта æмæ та арастн, йæ къæхтæ йæ кæдæм хастой, уь<рдæм. Цыди æмæ хъуыды кодта: иунæгæй куыд цардæуа? Хæринаг мын кæм уыдзæн? Кæсы, æмæ æваст ауыдта: йæ размæ лæууы дын- джыр бæзджын бæлас, кæрдо, æлæмы хуызæн — зад. Бæласæн йæ быны дæр кæрдотæй зæхх нал зыны, уы- мæй иууылдæр — рæгъæд: бур-буридтæ, сæ иу фæрс- тæ — сырхбын. Назар цингæнгæ базгъордта æмæ уыцы адджын кæрдотæ хæлофæй хæрын райдыдта, Бынтон куы баф- сæсти, уæд бæласы бын йæхи уæлгоммæ ауагъта. — Æз ардыгæй никуыдæмуал цæуын, — сфæнд кодта лæппу. — Æвæццæгæн, мыл Зивæг пъæззыйау ныббадти. Стæй æниу кæдæм цæуон? Æмæ зивæггæнаг Назар афтæ бæласы бын фæхуыс- сыди суанг изæрмæ. Бафынæй-иу æмæ та-иу райхъал ис, кæрдотæм дæр æй никуыдæм цæуын хъуыди: уы- дон сæхæдæг комкоммæ йæ дзыхмæ хаудысты! Назар райхъал изæрдалынгты æмæ йæхимидæг ба- катай кодта: дæлвæзы ниудтой хъæддаг куитæ, уыдо- нæн хæххон хъæдæй та хъырныдтой бирæгътæ, уыгæр- дæнæй та ма уæлæмхасæнæн къудзитæй рувас рæйдта. — Суæгъд мæ кæн, ауадз мæ, — ныллæгъстæ код- та Назар. — Æз бæласмæ схизон æмæ ме ’хсæв уым къалиуыл бадгæйæ арвитон. Тыхамæлттæй Назар сбырыди кæрдойы фыццаг дынджыр къалиуы онг, сбадтис ыл, йæ хъæбысы йæ æрбакодта æмæ афынæй. Æмбисæхсæвты, мæй фæсхохæй куы стылдис æмæ дард нæмдæр хъæуы кæрчытæ фыццаг уаст куы нык- кодтой, уæд цавæрдæр лæг йæ хъуынджын кæрцы мй- дæг кæрдомæ схызти Назарæй уæлдæр æмæдыргътæ тоныныл схæцыд. Æртоны кæрдо, Назары тæккæ сæрмæ йæ аракæ- бакæ кæны æмæ та йæ йæ дзыхы баппары. 345
Назар сфæлмæцыд уыцы кæрдохæры митæм кæсы- нæй æмæ хуыссæгхъуагæй бæзджын хъæлæсæй фæ- хъæр ласта: — Цы мæ мæстæй марыс? Лæг цыдæр хъуыр-хъуыр бакодта, Назарыл кæрдо фехста, йæхæдæг, къалиутæ сæтгæ, бынмæ атахти. Назар фыртæссæй фæцæйуадзыг кодта. «Ныппырх ис лæг!» — ахъуыды кодта. Стæй уыцы сахат йæ цæстытыл ауад: лæг ма æгас у. Уый ныр- тæккæ сыстдзæн, дур фелвасдзæн æмæ йыл æй хæрд- мæ ахæм æхст фæкæндзæн, æмæ мæгуыр Назар къали- уæй расхъиудзæн. Фæлæ лæгæн йе ’змæлын дæр нæ цыди, Назар та бæласы къалиуыл фæбадти боныцъæхтæм зыр^зыр- гæнгæ. Куы æрбарухс ис, уæд Назар зæхмæ йæ бынмæ æр- каст æмæ фырдисæй къалиуæй рацæйхауд: бæласы бын хуыссыд арс! Назар ныцъцъæхахст ласта йæ хъæлæсыдзаг, адæм, фервæзын мæ кæнут, зæгъгæ. Æрбазгъордтой йæм, уым хæстæджыты чи фæцæй- цыд, ахæм дыууæ бæлццоны, бæласы бын ауыдтой мард арс, кæрдойæ æрæргъæвтой Назары. Лæппу фæдисæттæн радзырдта, æхсæвы йыл цы æмбисонд æрцыд, уый, фæлæ йыл уыдон нæ баууæн- дыдысты, уымæн æмæ нæ зыдтой, арс кæрдо куыд би1 рæ уарзы, уый. Бæлццæттæ, Назарыл сæхи худæгæй хæсгæ, арсы царм растыгътой æмæ йæ радтой лæппуйæн, сæхицæн райстой арсы фæйнæ агъды æмæ ацыдысты.:. Назар арсы царм ауæй кодта, йе ’хцайæ балхæдта фондз дзулы æмæ иу цыхт. Фæлæ уæддæр сæхимæ нæ цыди: тæрсгæ кодта йæ фыдыусæй. Цалынмæ йын хæринаг уыд, уæдмæ æнцад, æнæ- мæт уыди: нызта суадоны дон, хуыссыди бæласы бып. Хъæдмæ цæуын нал уæндыди: алы ран дæр йæ цæсты- тыл æрсытæ уадысты. Фæлæ уалынмæ йæ хæринæгтæ фесты Назарæн; æмæ бацыд иу стыр хъæумæ. Хъæуы цæрджытæ йæ уын- джы куы федтой, уæд ын загътой, родгæс нын иыл- 316
лæуу, зæгъгæ. Лæппу сразы ис. Адæм ын радтой, цæ- рæн кæм уыд, ахæм агъуысты къуым. Дыккаг райсом зивæггæнаг Назары тыхамæлттæй райхъал кодтой æмæ йын бацамыдтой, родтæ кæм хизын хъæуы, уый. Назар родты фæдыл фезгъордта сихоры онг, стæй та йæ уæд Зивæг йæ быны скодта. Родты се ’ппæты дæр ныттардта иу дынджыр æрхмæ, йæ хъуынджын худ йæ сæры бын бакодта æмæ бафынæй. Бон уыдис æнуд тæвд, æмæ уалынмæ хæхты фе- мæхст тыхджын тæрк-къæвда. Назар ныддонласт ис уарынмæ, фæлæ уæддæр зивæг кодта йæ бынатæй сыс- тынмæ. Уалынмæ дын æрхы, тыхджын дымгæйау сæр-сæр- гæнгæ, гуылф-гуылфгæнгæ ракалди хæххои дон, цæуыл æмбæлд, уыдон йæ разæй хæсгæ. Родтæ лидзæг фесты æрхæй, фæлæ се ’ппæтæн нал бантыст фæуæлбыл уæ- вын. Ивылд дон дзы дыууæ роды аласта. Дон аласта Назары дæр. Назар фервæзти: æрхы был цы бæлас зади, уый къалиуыл фæхæст^æмæ былмæ рахылд, фæлæ родтæ, уæ фыдгул дæр — афтæ, фесæфтысты. Хъæуы адæм фæфæдис сты, Назармæ балæбурдтой. — Мæ аххос иæ уыди, — загъта родгæс. — Æз сфæлмæцыдтæн хохы фæхстыл родты фæдыл разгъор- базгъорæй æмæ сæ æрхмæ ныттардтон. Цы мæ бон уыди, — Зивæг мæ æрцахста! Ацы тæрк-къæвда кæ- цæй фæци,-уымæн æз зонгæ дæр ницы бакодтон. Сæ родты дон кæмæн аласта, уыцы зæхкусджытæ лæдзджытæ райстой æмæ тынг фæнадтой Назары. Æмæ та ногæй арасти Назар, — ацы хатт хуылыдз æмæ чъизийæ, — йæ къæхтæ йæ кæдæм хастой, уыр- дæм. Изæры Назары федта иу зæронд ус, фæтæригъæд ын кодта æмæ йæ сæхихмæ бауагъта æхсæвиуатмæ. Зæронд ус уыди фæллойуарзаг, зæрдæхæлар. Цар- дис иунæгæй, тыхамæлттæй æххæссыдис йæ хæдзары куыстытыл, æмæ ныр уый тынг бацин кодта, хуыцау мын æххуысгæнæг æрбарвыста, зæгъгæ. — Лæппу, мæ хуры хай, — загъта йын уый, — мæхицæн дæ хъæбул кæнын. Кусдзыстæм демæ нæхи къухтæй, бафсæддзыстæм нæхи фæллæйттæй! 347
— Хорз, мæ мадыхай, — дзуапп радта Назар. — Æцæг мыл Зивæг ма фæуæлахиз уæд. — Æмæ Зивæджы коммæ цæмæн кæсыс, мæ лæппу? Назар куыста æмæ йæ фаг хордта. Æмæ хъуыд- дæгтæ цыдысты рæвдз. Зивæг-иу æм бахъуызыди, фæ- лæ зæронд ус зыдта йæ кæнгæ лæппуйæ Зивæг асурын. Иухатт зæронд ус базармæ цыди æмæ Назарæн бафæдзæхста: — Дæ цæст дар, мæ лæппу, цъиуджын каркмæ, кæннод ын хъæрццыгъа йæ цъиуты ахæсдзæн. Куыдзы дæр хъахъхъæн, кæрдзын ма ахæссæд. Стæй-иу мæ фæстæмæ æрбаздæхынмæ хъуылæг дæр сцæгъд. — Хорз, — загъта Назар. Фæлæ куыддæр зæронд ус къæсæрæй ахызти, афтæ Назарыл Зивæг бафтыд æмæ йæ æнцой нал уагъта. Лæппу цъиуты се ’ппæты дæр æрцахста æмæ сæ сæ къæхтæй бабаста къуырттон каркмæ, йæхæдæг сина- джы кæроныл ныххæцыд æмæ — бафынæй. Æртахти цæргæс, æрцахста карчы æмæ йæ æд цъиу- тæ хохмæ ахаста. Назар райхъал, ныхъхъæр ма ласта, фæлæ байрæджы кодта. — Цæргæсы чи баййафдзæн! — загъта Назар æмæ та ног йæхи ауагъта бæласы бын. Æххæст нæма бафынæй лæппу, афтæ куыдз фæлæ- бурдта æмæ кæрдзын ахаста. Назар йæ къух аивæзта, дур систа æмæ йæ фехста куыдзыл. Фехста, фæлæ йæ фæивгъуыдта. Дур сæмбæлд æхсыры дурыныл. Дурын базгъæлæнтæ ис, цæгъдинаг зæххы фæйнæрдæм акал- дис. Назар фестади æмæ йæ сæр хойы: — Мæнæ мын Зивæг цытæ бавзарын кодта! Ныр ма цы зæгъдзынæн зæрдæхæлар зæронд усæн? Мæ цазс- гом ма йæм куыд равдисдзынæн? Назар кæрдзын райста, æхсыры йæ ныттылдта, дынджыр рус дзы ныккодта æмæ та арасти, йæ къæхтæ йæ кæдæм хастой, уырдæм... Бынтон сзивæггæнаг ис- Назар æмæ давыныл фæ- цалх ис: ^æцæй дзулы къæбæр радавы, кæцæй фæт- к>уытæ, кæцæй’та" æхсыры дурыч дæр.* 318
Иуахæмы уый бахъуызыд фынæй хъомгæсы хя- лагъудмæ æмæ йын йæ кæрдзын иууылдæр бахордта. Бафсæсти Назар, æмæ та йыл Зивæг ныйичъи ис. — Кæдæм ма цæуыс? — загъта йын Зивæг. — Ных- хуыс ам, æмæ цæуа. Зивæггæнаг Назар йæ былтæч ныссæрфта æмæ схуыссыди халагъуды. Хъомгæс райхъал райсомæй раджы. Кæсы, æмæ йæ хызын — афтид. Уæд йæ къахæй басхуыста Назары æмæ йæ бафарста! — Ам цы ми кæныс? Мæ кæрдзын мын цæмæн ба- хордтай? Исты дæм хонæг арвыстон? — Æз... æз... — бахъуыр-хъуыр кодта Назар, хъом- гæсы къухы дынджыр золочъи куы ауыдта, уæд. — Æз ам фынæй кæнын... — Сыст уæлæмæ ныртæккæ! — фæтъæлланг ыл ласта хъомгæс. Назар фестадис æмæ базыр-зыр кодта: уымæй аф- тæ йын хъомгæс уыцы лæдзæг ныртæккæ йæ фæсон- тыл æруадздзæн. Хъомгæс Назары халагъудæй ракодта æмæ хъом чи раскъæрдта, уыцы устытæм ныхъхъæр ласта: — Абон уын уæ хъомтæ хиздзæн зивæггæнаг На- зар. Уый мын мæ кæрдзын бахордта æмæ хъуамæ мæ бæсты бакуса. Устытæ сцъиах-цъиах кодтой æмхуызонæй: — Нæ нæ хъæуы зивæггæнаг! — Нæ хъуццытæ нын бабын кæндзæн! — Гæдыйы æхсыргæс скæн! Хъомгæс йæ золочъи бæрзонд фелвæста. — Уæдæ ма йæм æрбацæуæд Зивæг! Æз ын æй ацы золочъийæ йæ цармæй федде кæндзынæн! Стæй зивæггæнагæн йæ гуыбын акъæртт кæндзынæн æмæ йын йæ ахсæнæй мæ кæрдзын райсдзынæн! — Дзырд дын дæттын! — кæуынхъæлæсæй загъта Назар, тæрсгæ-ризгæйæ золочъимæ кæсгæйæ. — Хорз хиздзынæн фосы! .Изæры хъæуыл айхъуысти, Назар йæ дзырд нæ фæсайдта, зæгъгæ: хъуццыты скъæрдта хуыздæр хи- зæнтæм, афоныл сын дардта дон, фæдис хъæр кодта, бирæгъ-иу куы фæзынд, уæд. 349
Æхсæвы Назармæ хъуызын райдыдта Зивæг, æмæ лæппу сфæнд кодта хъæуæй алидзыимæ, тæссаг золочъиджын хъомгæс кæм царди, уыцы халагъуд- мæ. Фæлæ йын лидзын нæ бантысти: хъомгæс зивæг- гæлаг Назары бахуыдта æхсæвæр хæрынмæ æмæ йæ æхсæвиуат кæньшмæ дæр ныууагъта йæ халагъуды. Райсомæй хъомгæс Назары йæхицæй къахдзæф акæнын дæр никуыдæм уагъта. Фæлæ кæд Назары æп- пындæр нæ фæндыд фосимæ уæвын, уæддæр бон-изæр- мæ хъуццыты фæхызта хъомгæсймæ иумæ. Æхсæви- уат дæр та бакодта хъомгæсмæ. А-фтæ йыл ацайдагъ сты бонтæ: хуысгæ дæр кодтой иу ран, хæргæ дæр кодтой иу къусæй, фос дæр хызтой иумæ. Куыддæр-иу ыл Зивæг зынын райдыдта, афтæ- иу хъомгæсы къухты фæзынди дынджыр золочъи. Стæй йæ уалынмæ золочъийы æххуыс хъæугæдæр нал кодта. Æмæ куыннæ: æхсæвæй-бонæй Назар уы- ди, Зивæг арвыталынгты кæмæй лыгъдис, ахæм хис- тæр æмбалимæ! Æмæ адæм дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: «Кæимæ уай, уый хуызæн суыдзынæ»...
Яхьяев Магомед-Султан хыл Радзырдтæ сабитæн Мах рагæй хæлæрттæ стæм4 Ахмедимæ, иу бонæй фæстæмæ та балымæн стæм уæлдай тынгдæр. Ныртæк- кæ уын æз радзурдзынæн, хабар куыд уыдис, уый. Сæрды мах æдзухдæр нæхи фæнайæм, нæ хъæуы фале хъæдрæбын цы цад ис, уым. Уыцы бон нæхи на- йынмæ уыдыстæм иу-дæс лæппуйæ. Цæуæм, ныхæстæ кæнгæ, фæндагыл, Ахмед — чысыл раздæр, æз — йæ фæдыл. Немæ уыдис Махмуд Керимов дæр. Уый ны- мад у не ’скъолайы лæппутæн сæ- тæккæ домбайдæ- рыл. Æмæ дын мæ уыцы Махмуд афарста: — Цымæ уæ дыууæйæ чи тыхджындæр у, ды æви Ахмед? — Нæ зонын, нæ тыхтæ нæ барстам, — дзуапп ыи радтон æз. — Æмæ цæуылнæ барстат? Æвæццæгæн дзы тæрс- гæ кæныс, нæ? — Цæмæй дзы тæрсын! Мах дыууæйæ дæр æм- хуызон тыхджын стæм. — Уый — дзыхæй дзургæйæ! — загъта та Мах- муд. — Фæлæ хъуыддаг хылмæ куы æрцæуид, уæд ли- дзæг фæуаис! Нæ уарзтон æз уыцы Махмуды. Гъе стæй йæ иннæ 351
лæпиутæй дæр ничи уарзта. Махæй тыхджындæр кæй уыди, уый тыххæй ныл уæлахиз кодта алы хъуыдда- джы дæр. Куы-иу искæмæн йæ аходæны æхца байста, куы та-иу йæ зæрдæйы дзæбæхæн искæмæн йæ уадул ныдздзæхст ласта. Уæлдай хуыздæр та йæм касти лæп- путы кæрæдзиуыл ацардауын. Уыцы æвзæр миниуджы- тæ йын æз рагæй дæр бæргæ зыдтон, фæлæ мæм ацы хатт йæ ныхæстæ уæлдай хъыг фæкастысты. Ноджы ма лæппутæ мæ алфамбылай цымыдисхуызæй æн- хъæлмæ кастысты, цы зæгъдзынæи, уымæ. — Нæ фæтæрсдзынæн! — фæхъæр кодтон æз. Махмуды дæр ма æндæр цы хъуыди! — Ей, Ахмед! Ардæм-ма рауай! — фæдзырдта уый ме ’мбалмæ. — Гаджи афтæ зæгъы, куы, дам, мæ ба- фæнда, уæд, дам, æй æрхойдзынæн. Æз ахæмæй ницы загътон/фæлæ мæ Махмуд сдзу- рын дæр нал бауагъта. Уайтагъд бауад, Ахмеды худы хъуынтæй иу бындзыг ратыдта æмæ йæ мæнмæ æр- бадардта. — Бафу йыл кæн! Мах лæппутæм ахæм æгъдау ис: куы бафу кæнон уыцы хъуынты бындзыгыл, уæд разы дæн йемæ хыл кæныныл æмæ дзырдæн фæстæмæ исæн нал ис, кæннод дыл æнустæм тæппуд адæймаджы ном баззайдзæн. Фæлæ уæддæр æз Махмуды къух иуварс асхуыс- тон æмæ загътон: — Æз Ахмедæй нæ тæрсын, фæлæ хыл нæ кæпын йемæ. — О, фæтарсти, фæтарсти!—ныхъхъæр ласта Мах- муд. — Нæ йæм кæсут, лæппутæ, йæхицæй æппæлыди, афтæмæй та тæрсгæ кæны. — Ницы æппæлыдтæн мæхицæй! — загътон æз. Фæлæ мæм Махмуд хъусгæ дæр нæ бакодта. Мæ ху- дæй мын цалдæр хъуыны ратыдта æмæ сæ Ахмеды былтæм бадардта. — Уæд та сыл ды бафу кæн! — Нæ фу кæнын! — фæхъæр ыл ласта Ахмед æмæ йын йæ къух иуварс ариуыгъта. — Ай дæр тæппуд куы у! Кæрæдзийы аккаг хæ- лæрттæ сты! Гаджи ныртæккæ мæнæ ацы ран йæхи- цæй æппæлыди, цы минут мæ бафæнда, уыцы минут 352
Ахмеды ранæмдзынæн, зæгъгæ. ДзьТрдтай &ви нæ дзырдтай? — æрбауырдыг мæм Махмуд. — Загътон, нæ дзы тæрсын, зæгъгæ, фæлæ... — Хъусут, загътон, дам! — мæ дзырд мын мæ дзы- хæй аскъæфта Махмуд. — Фехъуыстай йæ, Ахмед? Загътон, зæгъы! Уæдæ ма мæнæй исчи афтæ зæгъæд, æз æй ныртæккæ ацы ран!.. — Æцæг афтæ загътай? — æрбадзырдта мæм Ахмед, йæ цæсгом туджы разылд, афтæмæй. Æз мæ дзых дæр нæма бахæлиу кодтон, афтæ лаеп- путæй чидæр ныхъхъæр ласта: — Дзырдта, дзырдта! Æппæлыд йæхицæй! Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ, Ахмед бынтондæр æр- бафыхти. Цæхгæр фæзылд Махмудырдæм, йæ тых-йæ бонæй ныффу кодта хъуынты бындзыгыл æмæ уыдон дæр фæйнæрдæм фæтахтысты. — Лæппутæ, ралæуут-ма фæйнæрдæм æмæ зылд ацаразæм! — дзырдта Махмуд, фырцинæй йæ къухтæ асæрфта, афтæмæй. — Гъеныр райдайут хыл кæцын, кæннод уæ æз мæхæдæг æрдзæрна кæндзынæн! Цы гæ’нæн ма нын уыдис, æмæ мах дæр Ахмедимæ кæрæдзимæ фестæм. Фыццаг уал æнæбары æвнæлд- тытæ кодтам, стæй куыдфæстæмæ, гъайдæ-мардзæ, зæгъгæ, бавнæлдтам кæрæдзимæ, гъе! Лæппутæ нæ алфамбылай æртымбыл сты. Махмуд хъæр кæны: — Бадæтт æм дзы! Цæв æй тынгдæр! Тæппуд ма у!.. Фыццаг æз Ахмедыл тых кæнын райдыдтон, мæ бы- ны дæр ма йæ аууæрстон. Фæлæ иуахæмы Ахмед фæ- рæвдз æмæ мын мæ фындзы хъæлæн тымбыл къухæй иу ныддаудта. Мæнæн мæ цæстытæ цæхæртæ акалд- той, фындзæй туг фемæхст... Лæппутæ ма нæ тыхтæй-амæлттæй кæрæдзийы къухтæй скъахтой. Ноджы ма мыл фæндагыл худтыс- ты, уымæн æмæ махмæ туг кæмæй рацæуа, уый састы бынаты баззайы. Мæнмæ уый афтæ хъыг касти, æмæ цæттæ уыдтæн ног хыл ракъахынмæ дæр! Фæлæ уал байхъусут, дарддæр хъуыддаг куыд уы- дис, уымæ. Æрбацыдыстæм цады былмæ. Лæппутæй алчи йæ дарæс феппæрста æмæ доны багæппытæ кодтой. Æз та 23 Дагъистайнаг зæрингуырдтæ 353
цады былгæрон æрбадтæн æмæ мæ тугтæ æхсадтон. Мæ хæдоны тугтæ дæр цæхсадтон æмæ йæ хурмæ бай- тыдтон, мæ мад æй куыд нæ базона, афтæ. Мæ зæрдæ фырмæстæй сыгъди, мæ фындз ныддæнгæл. Мæхи на- йын дæр мæм нал цыди, афтæмæй та нæ хъæуы лæп- путæй мæнæй дæсныдæр ничи у ленк кæнынмæ. Ба- цыдтæн æмæ мæ хæдоны фарсмæ кæрдæгыл æрхуыс- сыдтæн. Фырмæстæй мæ цæссыг тыххæй урæдтон. Нæ, ныр æз Ахмедимæ никуыуал бахæлар уы- дзынæн. Æз куынæ бафу кодтон худы хъуынтыл, уæд уый уайтагъд цæмæн баууæндыд Махмуды ныхæстыл, йæ рагон хæлары сæр цæмæн ауæй кодта? Ноджы ма мын мæ фындз дæр ныппырх кодта!.. Нæ, нæ, æз уый нæ ныббардзынæн!... Бирæ фæхуыссыдтæн ахæм уæззау хъуыдытимæ. Цадæй хъуысти лæппуты хъæлдзæг цъæхахст. Хуры хъарм тынтæ æмæ мын кæрдæджы адджын тæф мæ маст фæсабыр кодтой æмæ йæ мæхæдæг дæр нæ ба- зыдтон, куыд афынæй дæн, уый. Уалынмæ мæ, цыма исчи рæхойгæ фæкодта, уыйау фестъæлфыдтæн. Цыдæр бæллæх æрцыди цады доны, фæлæ цы, уый æвиппайды нæ бамбæрстон. — Фæ-ди-и-ис!.. Вай! Дон мæ фæласы!.. Куыд æнхъæлут, цымæ чи хъæр кодта уый? Ахмед! Цæй маст æмæ ма цæй æфхæрд! Мæхæдæг дæр æй иал бамбæрстон, мæкъæхтæ мæ сæхæдæг цады -былмæ куыд ахастой, уый. Мах Ахмедимæ суанг фыццæгæм къласæй фæстæмæ хæлæрттæ уыдыстæм, æмæ уæм уый хуымæтæг хъуыддаг ма кæсæд!.. Лæппутæ иууылдæр былгæрон сдзыгуыр сты æмæ уырдыгæй хъæр кæнынц, сæ къухтæ тилынц. Фыр- тарстæй нал арæхстысты, мæгуыр лæппуйæн куыд бах- хуыс кæнын хъæуы, уымæ. Æз сæ фæйнæрдæм ас- хуыстытæ кодтон æмæ æд хæлаф доны смидæг’дæн. Цады бæрæг астæу Ахмед йæ гæндзæхтæ цæгъды, йæ къухтæй дон тъæпп-тъæпп кæны, йæ цæстытæ ныссырх сты. Хъæр кæныныл дæр ма бæргæ архайы, фæлæ йæ хъæлæс нал хъуысы. Æз æм ныхъхъæр ластон: — Ныртæккæ, ныртæккæ! Фæцæуын дæм! — Æмæ ■йæм баленк кодтон. 354
Бахæццæ -йæм дæн, фæлæ дарддæр цы кæнон, уый мæхæдæг дæр нал зыдтон. Ахмед мын мæ цонгмæ фæ- лæбурдта æмæ дыууæйæ дæр доны бынмæ афардæг стæм. Тыхтæй-амæлттæй ма фæстæмæ сленк кодтам. Нæ ахсæнтæ донæй байдзаг сты. Ахмед та мæ ног мæ цонгæй рацахста. Æз æм дзурын: — Ленк кæн! Дæ къухтæ тил!.. — Мæхæдæг был- гæронырдæм бахæццæ уæвыныл архайын. Чи зоны æмæ дыууæйæ дæр фæдæлдон уыдаиккам, фæлæ уæдмæ не ’мбал лæппутæ сæхи æрæмбæрстой æмæ нæм æрбаленк кодтой цалдæрæй. Былгæронмæ куыдтæтæй æрбахæццæ стæм, уый æз нал бамбæрстон. Æрмæст ма хъуыды кæнын, Ахмеди- мæ кæрдæгыл фæрсæй-фæрстæм куыд баттыстæм æмæ хуыфгæ-хуыфын дон нæ хъуыртæй куыд калд, уый. Лæппутæ нæ алыварс æрæмбырд сты æмæ нын амонынц алы хостæ. Чидæр сæ афтæ зæгъы: — Аразгæ улæфт сын саразын хъæуы. — Ацу, зæгъын, ардыгæй, дæ аразгæ улæфтимæ. Æрхъуыды мын кодта! ’ Ахмед фæстагмæ куы сулæфыд, уæд ризын байдыд- та æмæ цъæх-цъæхид афæлдæхт. Махмуд æй фæрсы: — Цы дыл æрбамбæлди, дæ хорзæхæй? Дæхицæи дзæбæх денк кодтай, гъестæй дæ æвиппайды дон ла- сын байдыдта. — О, лæппутæ! — загъта Ахмед. — Цады астæу- мæ куы бахæццæ дæн, уæд мæ чидæр мæ къæхтæй ра- цахста æмæ мыл бынмæ æрхæцыдис. Ард уын хæрын, рæстытæ дзурын! Чидæр дзы бады доны бын, æвæццæ- гæн, донбеттыр у. Уыциу лæбурд фæкæны æмæ адæй- маджы йæхимæ æрбалвасы! Гаджи куы нæ уыдаид, уæд æз уырдыгæй никуы раирвæзтаин! Уыцы ныхæстæм хъусгæйæ, Махмуд ныккæл-кæл кодта, фырхудæгæй ма йæ гуыбыныл дæр фæхæцыди. — Донбеттыр, дам! Вай! Мæлын!.. Нæ чысыл цады донбеттыр!! Уыдон доны зайæгойтæ сты, уыцы бынат æз мæхæдæг хорз зонын. Куыд тæппуд дæ, куыд, Ах- мед! Ахмед дын уыциу сæррæтт фæласта æмæ Махмуд- мæ балæбурдта. Донласты фæстæ ма йæм утæппæт хъарутæ дæр кæцæй разынд, нæ зонын. 355
— Уайгæ ардыгæй! — фæхъæр ыл кодта Ахмед, йæхæдæг фырмæстæй зыр-зыр кæны. — Цæугæ, хуыз- дæр дын уыдзæн! — СабырДæ|э, сабырдæр у! — йæ худын фæурæдта Махмуд. — Кæннод, донласт дæ, уый дæр нал ахъуы- ды кæндзынæн æмæ дæм дзы дзæбæх бадæтдзынæн! Уæд æз дæр фæгæпп ластон æмæ Махмудмæ ба- уырдыг дæн: — Бавнал ма йæм, уæдæ! — Циу, цы уыл æрцыди, лæппутæ? — бахъуыр- хъуыр кодта Махмуд, йæхæдæг дарддæр алæууыд. — Хъазæн ныхас скёенæн дæр нал йс, æви?.. — Фæлæ йæ мах хъазæн Ныхæст&м нал бауагътам. Ахмедимæ йæм балæбурдтам æмæ йын сау над скодтам, мæ пырх фындзы тыххæй^ кæрæдзиуыл нæ кæй сардыдта, уый тыххæй, йæхи ныл сæрыстыр кæй кодта, уый тыххæй дæр. Цыбыр дзырдæй нæ абон дæр нæма ферох кодта, æвæццæгæн! Нæ разæй афтæ тагъд лыгъди, æмæ ма йæ зæвæттæ ферттив-ферттив кодтой. Афтæмæй не ’скъолайы та нымад уыди тæккæ хъæбатырдæр лæппу- йъ\л. Ахмедймæ Нæ ьШр, кæй зæгъын æй хъæуы, ничи- уал фæхицæн кæндзæн. ÆЗ УЫДЗЫНÆН МИЛИЦИОНЕР Мæ хистæр æфс’ымæр Атай мын рагæй зæрдæ æвæрдта, мемæ дæ Махачкаламæ акæндзынæн, зæгъ- гæ. Æз нырма стЫр ’горæт никуыма федтон. Иу бон куы уыд, уæд ^а аёрцыДис нæхиМЗе æмæ мын загъта: — Дæхи барæвдз кæн, райсом цæуæм. Нæ араст уæьыны размæ мый ме ’фсымæр бафæ- дзæхста: — Ласын дæ мемæ, æрмæст дын рагацау зæгъын: дзæгъæл ракаес^бакæс-йу ма кæн. Уым къæдзæхтæ æмæ рæгътыл рауай-бауайы хуызæн ма хон. Куыд фæ- дзæгъæл уыдзынæ, уый æмбаргæ дæр нæ бакæндзынæ. — Цытæ дзурыс?—зæрдæтæ йын æвæрдтон æз.— Иухатт хъæды дæр м’а куы нæ фæдзæгъæл дæн, уæд горæты куыд фæдзæгъæл уыдзынæн, уæлдайдæр уым бирæ адæм куы ис... 356
Махачкаламæ æрбахæццæ стæм æмбисбон. Уый бæрц бæрзонд æмæ бирæ хæдзæрттæ дзы уыдис, æмæ фыццаг тæрсгæ дæр фæкодтон. Хæдзæртты фæстейы та ауыдтон денджыз. Уый уыдис, арв æрдæгмæ чи æрæхгæдта, ахæм цъæхахуырст хъæуы хуызæн. Автобус æрлæууыд стыр фæзы астæу. Дзыллæтæ дзы .æмызмæлд кодтой. Æз куы райгуырдтæн, уæдæй нырмæ никуыма федтон уый бæрц адæм. — Афтæ бирæ адæм дзы цæмæн ис? — бафарстон æз Атайы. — Æмбырд дзы уыдзæн? Атай ныххудти: — Цытæ дзурыс, Гаджи! Уый базар у. — Базар? Æмæ уæд хæрджытæ та кæм сты? — Хæрджытæ дæр дзы ис, æрмæст бирæ нæ: ам уæргътæ машинæтæй ласынц. Цом, цыдæртæ мæ ал- хæнын хъæуы. Æмæ ацыдыстæм адæмы æхсæнты. Ме ’фсымæр цыдæртæ æлхæдта, даргъ стъолты уæлхъус чи лæууыд, уыцы колхозонтæй, æз та алырдæм ракæс-бакæс код- тон. Алыхуызон дзаума æмæ дзы хойрагæн ныккæнæн нæ уыдис. Бирæ цыдæртæ мæм дзы диссаг дæр касти, фæлæ Атай йæ æлхæнинæгтыл сси æмæ йæ бафæрсын нæ уæндыдтæн, куы мæм смæсты уа, уымæй тæрсгæйæ. " Адæмы æхсæнæй куы рацыдыстæм, уæд мæ Атай бакодта иу тымбыл чысыл хæдзары размæ: къулты бæсты йын уыди суанг царæй зæхмæ рудзгуытæ. Æвг- ты мидæгæй бадти иу стыр хæрзхуыз сылгоймаг, урс халат йæ уæлæ, афтæмæй. Атай йын æхца бафыста æмæ мæм ихы къæртты хуызæн уазал чысыл тыхтон æрбалæвæрдта. — Хæргæ, марожнæ у! Æз ма уый размæ дæр нæ хъæуы лæппутæй фе- хъуыстон марожнæйы кой, фæлæ ахæм адджын у, уый нæ зыдтон. Гъе, æрмæст ма афтæ уазал куынæ уы- даид. Ме ’нгуылдзтæ дзы басыдысты. Иучысыл фæ- хъармдæр уа, зæгъгæ йæ мæ дыууæ армытъæпæны æр- балхъывтон. Уый дын атад æмæ мæ къухты æхсæнты æртагъди. — Уый цы ми кæныс? — фæхъæр ласта Атай, куы мæ ауыдта, уæд. — Дæхи дзы куы фесæфтай! Хæргæ йæ тагъддæр, кæннод дын дзы ницыуал аззайдзæн. 357
Æмæ уæд æз дæр бавнæлдтон мæ марожнæ хæрын- мæ. Уый фæстæ ме ’нгуылдзтæ асдæрдтон, суанг ма, мæ дысыл цы адджын æртах æрхауди, уый дæр ас- дæрдтон. Ацыдыстæм та дарддæр. Цы диссаджы стыр хæ- дзæрттæ дзы федтон!'Æмæ уæд уынджы та машинæтæ цас ис, цас! Ноджы алыхуызæттæ — уæзласæнтæ, ав- тобустæ, «Победæтæ» — сырхытæ, ’буртæ, игæрхуызтæ, раст шоколад къафетты хуызæттæ!.. Ракæс-бакæс код- тон алырдæмты, фæлæ уæддæр се ’ппæты цæст кæм ахста! Бон-изæрмæ фæзылдыстæм горæты уынгты, дука- нитыл. Сихор бахордтам иу егъау хæрæндоны. Æртæ лæджы дзы йæ иу къуымы цагътой алыхуызон инстру- менттæй æмæ барабанæй. Уый фæстæ та ацыдыстæм дуканимæ, мæнæн зымæгон палто æлхæнынмæ. Уæд- мæ хур дæр аныгуылд. Талынг кæнын куы байдыдта, уæд уынгты ссыгъди бирæ цырæгътæ æмæ та боны хуызæн бæстæ ныррухс и. Равзæрстам хорз палто «фæлмæн уæлдзарм æф- цæгготимæ. Палтойы тыхтон мæ дæлармы, афтæмæй уынгмæ рацыдтæн Атайы фæдыл. Гъе, уыцы сахат рай- дыдтой мæ фыдбылызтæ дæр. Хъуыддаг рауад мæнæ афтæ: иучысыл куы рацы- дыстæм, уæд иу дуканийы стыр рудзынгыл ауыдтон авгæй арæзт егъау асыкгонд. Уым уыдис дон æмæ дзы ленк кодтой удæгас кæсæгтæ! Алцыдæр дзы уыд æцæг: йæ кæрдæджытæ, йе змис, йæ быны цы дур- тæ уыдис, уыдон. Асыкгонды сыгъди электрон цырагъ æмæ хорз зынди, кæсæгтæ кæрдæджы æхсæн- ты куыд ленк кодтой, уый. Сæ дзыхтæ-иу ныххæлиу кодтой æмæ-иу мæм сæ тымбыл цæстытæй зулмæ æр- бакастысты. О, уый æцæг диссаг уыди! Мæ къах мæ сæ разæй нал хаста. — Атай, æрбакæс ма, аæгъын, цы кæсæгтæ дзы ис! Атай!.. Фæстæмæ фæзылдтæн, фæлæ Атай хæстæг никуы уыди. Мæ рæзты адæм цыди, бирæ æнæзонгæ адæмг фæлæ Атай семæ нæ уыд. — Атай! — ныхъхъæр кодтон æз. — Кæм ,дæ> Атай?!. Уынджы адæмæй мæм бирæтæ фæстæмæ фæ- 358
кæс-фæкæс байдыдтой, цалдæр адæймаджы та лæугæ æркодта. Иу лæг мæ дзы фæрсы: — Цæуыл хъæр кæныс, лæппу? Цавæр Атай дæ хъæуы? Æз дæр Атай хуинын. — Нæ, ды мæ нæ хъæуыс! Мæн ме ’фсымæр хъæуы! Уалынмæ уынджы фаллаг фарс ауыдтон Атайы. Базгъордтон æм, машинæйы бынмæ дæр ма фæцæй- хаудтæн, æмæ йын йæ къухыл фæхæцыдтæн. Лæг фæ- стæмæ фæкаст æмæ йын йæ рихитæ æмæ йе ’стыр фындз куы ауыдтон, уæд хорзау нал фæдæн. — Цы дæ хъæуы? — афарста мæ стыр фындзджын æнæзонгæ лæг. Фæлæ йын æз ницыуал загьтон, афтæмæй хъæр- гæнгæ фæстæмæ разгъордтон: — Атай! Атай!.. Фæндагыл куыд згъордтон, афтæ иу лæгыл мæхи скъуырдтон. Скастæн æм æмæ дын разынд милицио- нер. Æцæг милиционер! Нæ хъæуы дæр ис ахæм ми- лиционер, æрмæст амæн йæ цырыхъхъытæ æрттывдты- тæ калдтой. — Кæдæм фæдис кæныс уый? — афарста мæ ми- лиционер. — Исты дæ фесæфти? — Нæ, сæфгæ мæ ницы фæкодта. Æз Атайы агу- рын! — кæуынхъæлæсæй дзуапп радтон милиционе- рæн. — Æмæ дын чи у уый? — Ме ’фсымæр. Нæ йæ федтай, миййаг? — Æмæ цы хуызæн у дæ Атай? — Цы хуызæн... Бæрзонд, йæ сæрыл — къепкæ. — Е, мæ хæлар, бæрзонд æмæ къепкæджын адæм- тæ ам бирæ ис, — загъта милиционер. — Цæргæ та кæм кæнут? — Мах дард цæрæм, хæххон хъæуы, фæлæ ме ’фсы- мæр ам цæры. — Йæ уынджы ном цы хуины? ’ — Вай, нæ >йæ зонын... Нырма йæм никуыма уыд- тæн. Абон мæ фыццаг хатт ракодта йемæ, — дзуапп ын лæвæрдтон æз, афтæмæй мæ цæссыг тыххæйты урæдтон. — Гъе уый дын, гъе! — загъта милиционер. — Хъуыддаг хорз нæу. 359
Стæй мын мæ тыхтонмæ бавнæлдта æмæ мæ фæрсы: — Ай та дын цы у? — Уый мæ палто у, ме ’фсымæр мын æй балхæдта... — Гъе уый дын, гъе... — милиционер йæ сæр ба- тылдта æмæ мын мæ къухыл ахæцыд. — Цæй, мемæ рацу. Уæд æз бынтон фæтарстæн. Æвæццæгæн, зæгъын, милиционер афтæ æнхъæл у æмæ палто мæхи нæу, кæ- цæйдæр æй радавтон æмæ мæ ныртæккæ ахæстоны бакæндзæн. — Дæ хорзæхæй, милиционер, ауадз мæ! Ард дын хæрын, мæхи палто у!.. — Цом, цом, — йæхæдæг мын мæ къух тынгдæр æрæлхъывта. — Уым æппæт дæр равзардзыстæм! Цы гæнæн ма мын уыдис, æмæ милиционеры фæ^ дыл сæргуыбырæй араст дæн. Фыркатайæ мæ зæрдæ йæхи къултыл хоста. Ныр мæ, зæгъын, ахæстоны ба- кæндзысты æмæ мæ мæ бинонтæ нæ базондзысты, кæм дæн, уый. Мæ цæстытыл уади, мæ мад куыд кæу- дзæн!.. Мæ ныййарæг мæ зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд мæхæдæг дæр мæхи нал баурæдтон æмæ ныккуыдтон. Милиционер мæм æрбакаст æмæ йæхи фæтар кодта: — Уый та цы хабар у? Цæуыл кæуыс? Лæджы худ куы дарыс! — Ахæстонмæ мæ кæныс, нæ? И-и-и... — Ма ку. Æппæт дæр равзардзыстæм, де ’фсымæ- ры дæр дын ссардзыстæм. «Уæдæ мæ æнæмæнгæй ахæстонмæ кæны!» — загъ- тон мæхинымæр. Милиционер цæуы, иуæй-иу хатт фæстæмæ фæкæ- сы æмæ йæ мидбылты бахуды. Æз та йæм смæсты дæн ноджыдæр: «Цы налат адæймаг у: лæджы ахæстонмæ фæкæны, йæхæдæг ма худы». Æрбахæццæ стæм милицæмæ. Иу уатмæ бацыдыс- тæм æмæ дзы бады бирæ милиционертæ. Фæрсын мæ райдыдтой, цал азы мыл цæуы, кæм цæрын, чи у мæ фыд, кæцы къласы ахуыр кæнын, ме ’фсымæры мыггаг куыд у. Æз загътон: — Уымæн дæр мæ мыггаджы хуызæн у — Мусаев. 360
Дыккаг уатмæ мæ бахуыдтой, диваныл мæ сбадын кодтой æмæ мын, йæ уæлæ æвзист пъагæттæ кæмæн уыди, ахæм милиционер афтæ зæгъы: — Мæнæ ацы ран сбад, мауал ку, æрмæст дæ зæр- дыл бадар: махмæ фыдуаг митæ кæнæн нæй. Мæнæ дын журнал «Огонек» æмæ йæм æркæс. Цæмæй æн- къард ма кæнай, уый тыххæй мæнæ адон дæр айс... Æмæ куыд æнхъæл ут, цы мын радта? Мæ армы- дзаг сырх гæххæтты тыхт къафеттæ, сæ уæлæ сызгъæ- рин дамгъæтæй фыст, «мятные», зæгъгæ. Лæг куы ацыд, уæд æз уатыл мæ цæст ахастон. Уат уыди дзæбæх арæзт. Уыдис дзы фæлмæн диван, стъол- тæ, къулрæбынты — даргъ тъахтинтæ. Ахæстон уæ- дæ ахæм вæййы, нæ? Мæнмæ æвзæр нæ фæкасти. Ми- лиционертæ дæр тызмæг не ’сты, суанг ма къафеттæ дæр дæттынц. Иу къафетт дзы ахордтон æмæ — ад- джын, дзых уазал кодта. Æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыди, иухатт нæ хъæуы милиционер Ахмед Алиев нæ сыхæгты лæг Муссæйы куыд æрцахста, уый. Муссæ æвзæр адæймаг уыди. Арахъхъ æгæр нызта, хыл кодта æмæ колхозæй дыууæ фысы адавта. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ та æрбацыд æвзист пъагонджын милиционер æмæ мæ фæрсы: — Мæ къона, æвæццæгæн, сæххормаг дæ, нæ? — Нæ, зæгъын, — къафеттæ куы ’бахордтон. — Уый цæй хæринаг у! Ныртæккæ дын бас æмæ фысы фыд касимæ æрбахæсдзыстæм. Кас уарзыс? — Уарзын. Хорз мæ бафсæстой. Уæдмæ фынæй афон дæр æр- хæццæ. Мæн диваныл схуыссын кодтой. — Бафынæй у, райсом дын де ’фсымæры дæр ссар- дзыстæм, — загъта милиционер. Дыккаг райсом райхъал дæн радиойы хъæлдзæг зардмæ. Радиойæ уал фыццаг лæвæрдтой музыкæ, уый фæстæ дзы райхъуыст сылгоймаджы хъæлæс: — Дзуры Махачкала. Дæттæм ныййарджытæн хъусШгæнинаг! Милицæйы цыппæрæм хайад хъусын кæны, йе ’фсымæрæй чи фæдзæгъæл, ахæм фарастаз- дзыд лæппу кæй ссардтам, уый. Йæ мыггаг — Мусаев, 361
йæ ном — Гаджи. Курæм уæ æмæ лæппумæ æрбацæут цыппæрæм хайадмæ... — Æз нæ фæдзæгъæл дæн! — зæгъгæ, ныхъхъæр кодтон. — Æз ам дæн! Уый Атай федзæгъæл ис!.. Мæ кæуын та мæ хъуыры абадти, фæлæ мæхиуыл ныххæцыдтæн. Дыккаг уаты цы милиционертæ бадти, уыдон æмхуызонæй ныххудтысты. Уый фæстæ та мын хæринаг æрбахастой. Печенитимæ мын цай дæр ба- цымын кодтой. Суанг сихæрдты онг милиционертæ мемæ хъазæн ныхæстæ кодтой, фæлæ сæм æз мæсты нал кодтон, уымæн æмæ æвзæрæй ницы дзырдтой. Фæссихор æвиппайды дуар фегом æмæ мидæмæ æрбахызт ме ’фсымæр, йæ цæсгомы хуызы цъыртт нал уыд, афтæмæй мæсты каст кодта. — Æгъгъæд мын фæуæд! — сдзырдта Атай. — Мæнимæ горæтмæ цæуыны фæнд куыд никуыуал скæ- най, афтæ! Нæ дын загътон, фæйнæрдæм-иу хæлиудзы- хæй ма кæс, зæгъгæ?.. — Атай, мæн ахсгæ æркодтой! — загътон ын æз. — Фæлæ ды тыхсгæ ма кæн, ам тынг хорз у! — Цæй, цом! — схуыстæй мæм æрбадзырдта Атай. — Амæй ма бæллæхдæр уа! Милиционертæ нын хæрзбон загътой, мæнæн ма суанг мæ къух дæр райстой, æвзист пъагæттæ кæмæн уыд, уыцы милиционер та мын загъта: — Хъусыс, мауал-иу фæдзæгъæл у!.. Уынгмæ куы рацыдыстæм, уæд æз Атайæн афтæ зæгъын: — Хорз у ахæстоны! Къафеттæ дæр дзы дæттынц... Атай ныххудти æмæ мын мæ худ суанг мæ цæсты- тæм æривæзта. — Уый цæй ахæстон у! Ахæстоны æвзæр у. Уыр- дæм æвзæр адæмы бакæнынц, фыдраконд митæ чи кæ- ны, уыдоны. Ды кæм уыдтæ, уый та милицæйы ха- йад у. — Хорз адæм сты милиционертæ! — загътон æз. — Уыдон куы нæ уыдаиккой, уæд æз бынтондæр фæдзæгъæл уыдаин, нæ? — О, кæй зæгъын æй хъæуы, — дзуапп мын радта Атай. — Уыдон стыр ахсджиаг хъуыддæгтæ кæнынц... 362
Уæдæй фæстæмæ æз фидарæй мæхицæн дзырд рад- тон, куы сдынджыр уон, уæд æнæмæнгæй милиционер суыдзынæн, зæгъгæ. ПЕХЛЕВАН Иу сæрд мæ мад æмæ мæ фыдимæ ацыдтæн хох- мæ. Мæ фыды мад мын балæвар кодта урс сæныкк. Мæ сæныкк-иу цыфæнды бæрзонд къæдзæхы сæрмæ дæр суадаид æмæ иу уырдыгæй рагæпп ластаид, — æппын ницæмæй тарст. Сæныкк мемæ тынг бахæлар ис. Сусæгæй-æргомæй йын хастон хæринæгтæ æмæ уый дæр къæбылайау мæ фæдыл згъордта. — Æз бирæ фæлæгъстæ кодтон мæ мад æмæ мæ фыдæн, сæныччы немæ горæтмæ аласæм, зæгъгæ, æмæ уыдон дæр æрæджиау сразы сты. — Æрмæст æм дæ цæст хорз дар, — фæдзæхста мын нана. Нырма хæрзчысыл у æмæ йын æнæ мадæй зын уыдзæнис. Æхсыр ын-иу дæтт. Сæныччы немæ сæвæрдтам машинæйы æмæ йæ æр- ластам Махачкаламæ. Фыццаджыдæр уал æз ме ’мбæлттæм равдыстон нанайы лæвар æмæ дыууæ боны дæргъы нæ хæдзар сы- вæллонæй цух нæ кодта: цыдысты æмæ цыдысты сæ- ныччы уынынмæ. Раздæр сæныччы дардтам, къухна- йы цы къæбицгонд ис, уым. Фæлæ уый фæстæ мæ мад загъта: — Æз мæ хæдзары сæгъ нæ фæдардзынæн! Уæртæ йын сарайы иу къуым скæнут. Мæ фыд кæцæйдæр æрбахаста фæйнæджы лыггæг- тæ æмæ йын дыууæйæ сарайы къуымы дзæ’бæх хæдзар сарæзтам. Дуары бæсты йын сæвæрдтам зæронд арынг, йæ быны та йын байзæрстам хъæмп, цæмæй йын хуысгæйæ фæлмæн уа, уый.тыххæй. — йæ ном та цы хуиндзæн? — афарста мæ фыд. — Нæ зонын, — загътон æз. — Ном ын нæма æр- хъуыды кодтон. Лæппуты афæрсын хъæудзæн. — Сывæллон ма куы уыдтæн, уæд мæнмæ дæр уы- дис сæныкк, — загъта мæ фыд. — Æмæ йæ æз Пехле- ван хуыдтон. 363
— О, уæдæ йæ æз дæр афтæ хондзынæн! Ном «Пехлеван», ома, бæндæнылкафæг, мæ (зæр- дæмæ тынг фæцыдис; уымæн æмæ цирчы хъазджытæй уæлдай фылдæр уарзын бæндæнылкафджытæм кæсын. Нæ кæрты цæрджытæ уайтагъд сæныкмæ сидын бай- дыдтой Пехлеваны номæй. Æмæ, раст зæгъгæйæ, æцæг бæндæнылкафæджы хуызæн уыди. Сарайы сæр- ты æмæ-иу хæдзæртты сæрты гæппытæ кодта. Æнæуи дæр диссаджы хъæлдзæг сæныкк уыди: бонсауизæрмæ-иу кæрты чъыллиппæй хъазыд, суанг ма-иу гæдыйыл дæр узæлыныл схæцыд, фæлæ-иу уы- мæн йæ хъуын арц абадти æмæ-иу футтытæ кæнгæ лидзæг фæци. Сæныкк дæр-иу йæ цыбыр къæдзил фæхъил кодта æмæ-иу æй фæстейы асырдта. Искуы- иу хатт-иу Пехлеваны горæты æддемæ хизынмæ.дæр акодтон. Уым-иу цалдæр сахаты цъæх кæрдæгыл фæ- хызти, гъестæй-иу нæхимæ куы цыдыстæм, уæддæр ма йын-иу æз мемæ фæлмæн «æрдæджытæ æрба- хастон. Нæхимæ йын æнæуи хæринæгтæй уæлдай алы бон дæр лæвæрдтон æхсыр, æмæ сæныкк рæзыд, нард кодта. Уалынмæ йын сыкъатæ дæр фæзынди æмæ куыдфæстæмæ здыхсгæ цыдысты, хъомыл сæгъæн куыд вæййынц, уыйау. Иу бон мын мæ мад афтæ зæгъы: — Æз хъуыддаджы фæдыл цæуын кæдæмдæр æмæ-иу ды хæдзар иунæгæй ма ныууадз. Уаты иучысыл абадтæн, гъестæй æнкъард кæнын байдыдтон æмæ загътон: «Цон фæлтау Пехлеванмæ», зæгъгæ, æмæ сарамæ разгъордтон. Дуарæй бахызтæн æмæ дын кæсын, арынг иуварс æппæрст, сæныкк йæ бынаты нæй. Æз фæхъæр кодтон: — Пехлеван, Пехлеван, кæм дæ?! Сарайы иннæ къуымæй мæм райхъуысти: «Ме-е...» Базгъордтон æм æмæ дын м,æ Пехлеван дæргъæй лæууы æмæ мæм кæсы тæригъæддаг цæстытæй. — Цы дыл æрбамбæлд, мæ гыццыл Пехлеван? — Ме-е-е... — ножды уынгæгдæр хъæлæсæй бауа- сыд сæныкк. — Ме-е-е... — Ма фæрынчын у! — фæтарстæн æз. — Фест, ма уæлæмæ, фест!.. 364
^уыддæр сæныкмæ февнæлдтон, йæ къæхтыл æй слæ^уын кæнон, зæгъгæ, афтæ йæ гæндзæхтæ бацагъ- та æмæ ныууасыди. 1 «Æвæццæгæн, зæгъын, йæ гуьгбын риссы. Фæлæ цы чындæуа?..» Ахæм тæригъæд фæкодтон сæныккæн, æмæ ма мæ цæссыг тыххæй баурæдтон. Уалынмæ сарайы дуарæй æрбакаст нæ сыхæгты лæппу Тæгир. Ахуыр дæр иу къласы кæнæм Тæги- римæ. — Цæй хъæр у уый? — афарста мæ Тæгир. — Цы ми кæныс ам? — Пехлеван фæрынчын! Фæмæлы, цы йын акæ- нон?!. Тæгир дзуццæджы æрбадти, сæныччы гуыбын йæ къухæй асгæрстытæ кодта æмæ йæ сæр батылдта: — О-о, йæ хъуыддаг хорз нæу! — Уæдæ æцæг амæлдзæн?!. — бынтон фæудаист дæн æз. — Нæ зонын... — загъта Тæгир. — Дохтыр æм куы æрбакæниккам... — Æмæ дын дохтыр кæцæй æрбакæнон? — Телефон уæм куы ис. Бадзур Тагъд æххуысмæ. — «Æцæг, æцæг», — ахъуыды кодтон æз дæр æмæ базгъордтон телефонмæ. — Тагъд æххуыс ма мын авæр, дæ хорзæхæй!— бадзырдтон телефонисткæмæ. Трубкæйæ цавæрдæр къæр-къæр ссыди, стæй дзы райхъуыст сылгоймаджы хъæлæс: — Тагъд æххуыс дæм хъусы. — Дæ хорзæхæй, æвæстиатæй рацæут, Пехлеван фæрынчын! — Пехлеван? — афарста мæ сылгоймаг. — йæ мыггаг та куыд у? — Нæ зонын... Мыггаг ын нæй, нырма бынтон гыц- цыл у. — Цал азы йыл цæуы? — Цæй азтæ! Нырма йыл æртæ мæйы йедтæмæ нæма цæуы. — Æмæ ды та чи дæ? — Æз Гаджи дæн. 365
— Дæ мыггаг та? — Мусаев. — Ас адæмæй ничи ис дæ разы? — Ничи. Иууылдæр ацыдысты... О, курын дæ, рæвдздæр, кæннод Пехлеван амæлдзæн! — ныллæгъ- стæтæ йын кодтон æз. — Гъе уый дын бæллæх, гъе! — арф ныуулæфыд сылгоймаг. — Цæй, дзургæ, дæ адрес куыд у. Æз ын æй загътон. — Ныртæккæ фæцæуæм, — ныфс мын бавæрдта сылгоймаг. — Уынгмæ-иу нæ размæ рауай. — Хорз! Æнхъæлмæ уæм кæсдзынæн. Бузныг!..— Трубкæ æрæвæрдтон æмæ фæстæмæ сарамæ раз- гъордтон. Пехлеван дæргъæй лæууыд æмæ æнæрæн- цайгæйæ хъæр кодта. — Бадзырдтай дохтырмæ? — афарста мæ Тæгир. — Бадзырдтон. Ныртæккæ æрбацæудзысты. Ды уал ам а’бад, æз сæ размæ ауайон. — Уайгæ. Æз уынгмæ разгъордтон æмæ сæм æнхъæлмæ кæ- сын. Уалынмæ фæстигъæй æрбазынд егъау урс маши- нæ, йæ ныхыл — сырх крест. — Ардæм, ардæм! — ныхъхъæр кодтон æз æмæ сæм мæ къух’ фæтылдтон. Машинæ нæ дуармæ æрлæууыд æмæ дзы рахыз- тысты ацæргæ лæг, тызмæг цæстæнгасимæ, йæ къухы чысыл чумæдан, афтæмæй æмæ рæсугъд æрыгон сыл- гоймаг. Сæ дыууæйыл дæр уыди урс халæттæ. — Кæм ис рынчын? — афарста лæг. — Цомут, равдисон уæм æй, — æмæ сын сара- йырдæм ацамыдтон. — Кæдæм нæ кæныс? — дисхуызæй афарста сыл- гоймаг. — Сарамæ. Рынчын уым ис. Рауайут ардæм... Мæнæ ис!< — Рынчын ды дæ? — афарста лæг Тæгиры.' — Нæ, æз æнæниз дæн. Уæртæ Пехлеван у рын- чын, — загъта Тæгир æмæ сæныкмæ ацамыдта. • ^ Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ, лæг фырмæстæй йæ къæхтæ æрцагъта æмæ фæхъæр ласта: — Гъе уый дын æнаккаг митæ, гъе! Къулбадджы- Зб^
тæ! Адæмæн нын рæстæг фаг нæу, адон та нæ сæгъ- мæ æрбакодтой! Ацы хъуыддаг æз афтæ нæ ныууадз- дзынæн!.. Тынг хъыг мæм фæкастысты йæ ныхæстæ. — Æз къулбадæг нæ дæн, — загътон ын æз. — Мæ сæныкк фæрынчын, мæлгæ кæны, æмæ дæм уы- мæн бадзырдтон!.. Фæлæ лæг йæ хъæрæй не ’нцад. — Æз ын йæ ныййарджыты фæивар кæндзынæн! йе ’скъоламæ дæр ын фехъусын кæндзынæн!.. — Фæлæуу-ма, Юсуп Керимович! — загъта сыл- гоймаг. — Тагъд ма кæн... Фæлæ йæм лæг хъусгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй фæдуарæдде ис. Сылгоймаг Пехлеваны раз дзуццæ- джы æрбадти æмæ йæ фæлмæн къухæй æрсæрфта. Сæныкк дæр дын йæ уасынæй фенцад! — О, мæгуыр йæ бон! — загъта сылгоймаг. — Дæ гуыбын риссы, нæ? Æвæццæгæн, исты æвзæр хал ахордтай? Тæрсгæ ма кæн, ныртæккæ дæ мах адзæ- бæх кæндзыстæм... Сылгоймаг йæ хызынæй систа цавæрдæр хос, йе ’нгуылдзты æхсæн æй амур ласта, мæ* армытъæпæны йæ æркодта æмæ мын загъта, донимæ йæ азмæнт æмæ йæ Пехлеванæн бадар, зæгъгæ. — Райсом та-иу æй хъомты дохтырмæ бахæсс, — загъта мын уый. — Гъестæй дæ зæрдыл бадар: мах адæмы дохтыртæ стæм, фосæн та ис сæрмагонд рын- чындæттæ. Уый ма Пехлеваны асæрфтытæ кодта æмæ ацыди машинæмæ. Уыцы хосы фæстæ сæныкк фæдзæбæхдæр. Йæ нæтынæй фæхъус æмæ йæ бынатмæ дæр йæхæдæг са- ,быргай бацыди. Æз æнхъæлдтон, мæ мад æмæ мæ фыд куы æрбацæ- уой, уæд мæм хæцдзысты, Пехлеванмæ адæймаджы дохтыр кæй æрбакодтон, уый тыххæй, фæлæ æнæ мастæй аирвæзтæн. Дыккаг бон мæ фыдимæ иумæ Пехлеваны ахас- там хъомты дохтырмæ. Уым нын хостæ радтой æмæ сæ æз Пехлеванæн дардтон æхсыримæ. Сæныкк бо- 367
нæй-бон дзæбæхдæр кодта, гъестæй та чъыллиппытæ дæр байдыдта. — Ныр стыр сæгъыйас сси. Сæрды каникулты та мæ фыды мадмæ хохмæ цæудзынæн æмæ мын Пехле- ваны дæр мемæ æнæ аласгæ нæй, кæддæра ма йæ базондзысты?
ЧИНЫДЖЫ ИС: Агаев Ахед. Дыууæ ныхасы Дагъистаны литературæйы тыххæй Раздзырд П О Э 3 И Аджаматов Аткай (хъуымыхъхъаг поэт) Мæ лымæнтæй иуæн. Цæрукъаты А. тæлмац Цыппаррæнхъонтæ Цæрукъаты А. тæлмац Лæг æмæ ус. Цæрукъаты А. тæлмац Куыд уарзынц махмæ. Цæрукъаты А. тæлмац Чындзæхсæвы гаджидау. Цæрукъаты А. тæлмац .... Чызг Цинандалæй. Цæрукъаты А. тæлмац Аджиев Анвар (хъуымыхъхъаг позт) „Æнæ уарын кæрдæг нæ фæкæны цъæх\ Цæрукъаты А. тæлмац Хуымгæрдæны. Цæрукъаты А. тæлмац Суваннæ. Цæрукъаты А. тæлмац Зæгъыс мын. Цæрукъаты А. тæлмац Зæгъдзынæн æз. Цæрукъаты А. тæлмац Чындзæхсæвы боны тыххæй. Цæрукъаты А. тæлмац . . Алиева Фазу (авайраг поэт) Гутонвæд. Цæрукъаты А. тæлмац „Мæн-иу чысылæй хаттæй-хатт фæнадтай..." Цæрукъа- ты А. тæлмац Хуыссæг мæ нæ ахсы. Цæрукъаты А. тæлмац Гуырæн бон. Цæрукъаты А. тæлмац „Дæуимæ скъоламæ æз уадтæн..." Цæрукъаты А. тæлмац Дæ цæстытæ. Цæрукъаты А. тæлмац „Дæуимæ никуы фембæлдтæн æппын..." Цæрукъаты А. тæлмац „Нæ чысыл рæуæд ралыгъдис кæддæр..." Цæрукъаты А. тæлмац
Гаджиев Загид (авайраг поэт) Уалдзæг. Кокойты С. тæлмац 30 Хæххон цæргæс. Кокойты С. тæлмац — Æдзæсгом. Уырымты П. тæлмац 33 Гаирбекова Машидат (авайраг позт) Фыдыбæстæ. Ардасенты X. тæлмац 36 Мæ хæхтæ. Ароасенты X. тæлмац — Райгуырæн хъæуы. Ардасенты X. тæлмац 37 Фын. Ардасенты X. тæлмац 38 Фидæны æфсин. Ардасенты X. тæлмац — Уый дын—дзуапп, куыд дæм фæкасти? Ардасенты X. тæл- мац 39 Гамзатов Расул (авайраг поэт) Хохæгтæ Ленинмæ. Плиты Г. тæлмац 41 Мæ чысыл адæм, уарзын дæу! Джусойты Н тæлмац . 43, Туг æмæ цæссыг. Цæрукъаты А. тæлмац 44 Мадæлон æвзаг. Плиты Г. тæлмац 45 Хæхтæ. Мыртазты Б. тæлмац 46 Æрыгон поэтмæ. Мыртазты Б. тæлмац 50 Æрæджыгæнæг зæрватыччытæ. Мыртазты Б. тæлмац . 51 Æмгардзинады тыххæй. Цæрукъаты А. тæлмац 52 Фыццаг æмдзæвгæ. Мыртазты Б. тæлмац —- Габиб. Мыртазты Б. тæлмац 56 Мæ фæндон. Мыртазты Б. тæлмац — „Фæфæрсы мæме ’фсин..." Джусойты Н. тæлмац . ... 58 Гуниб. Мыртазты Б. тæлмац — „Ныр ысбон уыдзæн тагъд..." Джусойты Н. тæлмац . • 60 Мæ сабион бонтæ. Мыртазты Б. тæлмац — Дорз хъуыддæгтæй царды мах цы радтæм..." Цæрукъа- ты А. тæлмац ...» 62 Ныхас Цадасæ Гамзатыл. Джусойты Н. тæлмац ... 63 Мæргътæ. Цæрукъаты А. тæлмац 65 Къæвдайы фæстæ. Цæрукъаты А. тæлмац 66 „Фæцæйцæуынц адæм дæ иувæрсты сабыр..." Джусойты Н. тæлмац 66 Сæдæ чызджы кæнын æмуарзт. Мыртазты Б. тæлмац . 67 Дæ гуырæн бон. Джусойты Н. тæлмац 6Я Гуырдзиаг чызджытæм. Мыртазты Б. тæлмац 70 „Æтт, æмдзæвгæйы иу рæнхъ куы фестид, зæгъын!" Джу- сойты Н. тæлмац 72 „Фæззыгон уад кæрдæджы ихæнæй домы../ Джусойты Н. тæлмац — Джафаров Абумуслим (табасарайнаг поэт) Дагъистан. Цырыхаты М. тæлмац 73 Лæвар. Цырыхаты М. тæлмац 74 370
Гауызуафджытæ. Цырыхаты М. тæлмац 75 Флейтæ. Цырыхаты М. тæлмац 76 Казияв Али (хъуымыхъхъаг поэт) Æгас дæ ды, Махач! Цæрукъаты А. тæлмац 78 Æхсарджынтыл зарын. Цæрукъаты А. тæлмац , 79 Нартхоры нæмыг. Цæрукъаты А. тæлмац 80 Уадз, йæ цæрæнбон уæд бирæ! Цæрукъаты А. тæлмац . — Капиев Эффенди (лекъаг поэт) „Æз хæссын мæ риуы зынг..." Мыртазты Б. тæлмац • 83 „Кæрддзыхыл цыдтæ, зыдтон Мыртазты Б. тæлмац . — „Уаргæ бон сæумæрайсом..." Мыртазты Б. тæлмац . . 84 „Сонт уарзтæй кæй судзæм, уый..." Мыртазты Б. тæл- мац . . . — „Иудадзыг æрмæст дæуыл.." МыртазтыБ. тæлмац . . — „Фæлæ æз куыд уарзын дæу..." Мыртазты Б. тæлмац . 85 „Де ’рфгуытæ сты дæуæн..." Мыртазты Б. тæлмац . . — „Мæ зæрдæ налмасæй..." Мыртазты Б. тæлмац .... — „Уæлæ хохæн йæ цъуппыл...44 Джусойты Н. тæлмац . . 86 Зарæггæнджыты ерыс. Мыртазты Б. тæлмац — Хъайтары зарæг. Джусойты Н. тæлмац 87 „О, хотыхы нæмыг!.." Мыртазты Б. тæлмац 88 Батырайы фæстаг зарæг. Мыртазты Б. тæлмац .... '89 Мариан. (Скъуыддзаг) Мыртазты Б. тæлмац 90 Хочбар. Мыртазты Б. тæлмац • 93 Рабаданов Сулейман (даргъинаг поэт) Чындзæхсæв. Цырыхаты М. тæлмац 100 Писмотæ. Цырыхаты М. тæлмац 101 Мæй йæ тынтæ хæхты сæрмæ луары. Цырыхаты М. тæл- — мац — Æхсæв. Цырыхаты М. тæлмац 102 Рамазанов Бадави (лекъаг поэт) Уарзондзинад. Цæрукъаты А. тæлмац 103 Урс уæрыкк. Цæрукъаты А. тæлмац — Мад. Цæрукъаты Æ тæлмац 104 Фиалкæ. Цæрукъаты Л. тæлмац 107 Рашидов Рашид (даргъинаг поэт) „Æз никуы ’рцахстон фыны дæр..." Цæрукъаты А.тæлмац 115 „Хуымгæнæг байтауы мæнæу..." Цæрукъаты А. тæлмац . — Мæ фыртæн. Цæрукъаты А. тæлмац 116 ’ Карз зарæг. Джусойты Н. тæлмац 117 371
Загътон уæд. Джусойты Н. тæлмац 117 Фæззыгои хъæд. Джусойты Н. тæлмац 119 „Фæззæг сæмбæлд тæрс бæласыл..." Цæрукъаты А. тæл- мац 120 „Цыма рухс боны сæр акъуырд../ Джусойты Н. тæл- мац — Рæсугъд чызгай æхсы гæрстæ. Джусойты Н. тæлмац . 121 Мæйрухс æхсæв. Джусойты Н. тæлмац — Лæппутæ бæхты найынц. Джусойты Н. тæлмац .... 122 Ма тæрс. Дарниты Д. тæлмац 123 Саидов Алирза (лезгинаг поэт) Дуджы улæфт. Цæрукъаты А. тæлмац 124 Поэт. Цæрукъаты А. тæлмац 125 Æз уарзын ацы зæхх. Цæрукъаты А. тæлмац 126 Уæлвонг фæхауынц къæдзæхтæ. Цæрукъаты А. тæлмац . 127 Къухтæ. Цæрукъаты А. тæлмац 128 Цардæгас зынгтæ. Цæрукъаты А. тæлмац . 129 Чызг. Цæрукъаты А. тæлмац 132 Сулейманов Абдул-Вагаб (хъуымыхъхъаг поэт) Æз чи дæн? Цæрукъаты А. тæлмац 134 Намыс. Цæрукъаты А. тæлмац 135 Мæлæты фæстæ. Цæрукъаты А. тæлмац 136 Хæрис бæлас. Цæрукъаты А. тæлмац 137 Сулейманов Магомед (авайраг поэт) Царды барæн. Цырыхаты М. тæлмац 138 Сахат æлхæнгæйæ. Цырыхаты М. тæлмац 139 Дурзæрдæ шофыр. Цырыхаты М. тæлмац 140 Султанов Камиль (хъуымыхъхъаг поэт) Сывæллæттæ хъазынц. Гаджиты Г. тæлмац 141 Мæтгæнаг гыцци. Гаджиты Г. тæлмац 142 Хаппалаев Юсуп (лекъаг поэт) Мæ хæхбæсты. Мыртазты Б. тæлмац 143 „Балхайраг æрмгусæг йæ куыстæй у разы..." Плиты Г. тæлмац ’ 144 „Исты фæнд, сæрфатыл хъуамæ æз хæцон..." Цæрукъа- ты А. тæлмац — Къодоры хæлд фидары цур. Мыртазты Б. тæлмац . . . 145 Хæххон ныййарæг мад. Цæрукъаты А. тæлмац .... 146 „Сайд æмбæхсаг у уынды..." Плиты Г. тæлмац .... — „Кæсæныл баулæф..." Плиты Г. тæлмац 147 „Ды ысдæ мæнæн мæ зарæг. Цæрукъаты А. тæлмац . . — 372
„Даргъ, кæнæ æнкъард æхсæвы тары..." Кокойты С. тæл- мац 147 п«Уæд цы у, лæппу, дæ цард?".. Плиты Г. тæлмац . . . 148 А сау лæппу — хъуымыхъхъаг. Плиты Г. тæлмац ... — „Мигъау арв-ирдæй зындтæ..." Плиты Г. тæлмац .... 149 „Устытæй уыди мæнæн..." Плиты Г. тæлмац — ,Тынг мæ басыгъта дæ уарзт...* Плиты Г. тæлмац . . . 150 „Æвзонг ма уыдтæн.. " Плиты Г. тæлмац — „ — Цы бийыс уый къæбæлтæй?.." Плиты Г. тæлмац . 151 „Хъысмæт у дугъои бæх..." Плиты Г. тæлмац — Самуры былыл. Мыртазты Б. тæлмац — Фыцц.чг хахх. Мыртазты Б. тæлмац 153 Юсупов Нуратдин (лекъаг поэт) Хур æмæ мигъ. Кокойты С. тæлмац 159 Гуырæн бон. Плиты X. тæлмац 161 ПРОЗÆ Абакаров Ахмедхан (даргъинаг фыссæг) Пылыстæгæй лулæ. Богазты У. тæлмац 171 Култум. Ардасенты Л. тæлмац 176 Авшалумов Хизгил (татаг фыссæг) Скъæфт. Мамиаты Н. тæлмац • 185 Суадоны раз. Мамиаты Н. тæлмац 191 Чызг. Мамиаты Н. тæлмац 198 Аджаматов Аткай (хъуымыхъхъаг фыссæг) Æз сæрыстыр дæн... Мамиаты Н. тæлмац 205 Бахшиев Миши (татаг фыссæг) Шекер. Ардасенты Л. тæлмац 222 Гаджиев Меджид (лезгинаг фыссæг) Диссаджы уадындз. Беккуызарты Т. тæлмац 231 Гусейнаев Абачара (лекъаг фыссæг) Мæлдзыджытæ. Туаты Л. тæлмац 236 Бæхы цæссыгтæ. Туаты Л. тæлмац 237 Мæнгард рувас. Туаты Л. тæлмац 238 Кæрчыты хабар. Туаты Л. тæлмац 239 373
Зульфукаров Зульфукар (даргъинаг фыссæг) Æз гæды лæг куыд сдæн. Саламти А. тæлмац ..... 242 Хуымæтæджы хæлардзинад. Саламты А. тæлмац . . . 246 Капиев Эффенди (лекъаг фыссæг) Поэт. Доййаты С. тæлмац 253 Фыссæджы блокноттæй. Доййаты С. тæлмац ..... 303 Дагъистаны адæмты æмбисæндтæ. Доййаты С. тæлмац . . 310 Керимов Ибрагим (хъуымыхъхъаг фыссæг) Айсат. Саламты А. тæлмац 315 Магомедов Муса (авайраг фыссæг) Шихы фæстаг балц. Беккуызарты Т. тæлмац 336 Меджидов Кияс (лезгинаг фыссæг) Зивæггæнаг Назар. (аргъау) Саламты А. тæлмац . . . 343 Яхьяев Магомед-Султан (хъуымыхъхъаг фыссæг) Хыл. Туаты Л. тæлмац. . 351 Æз уыдзынæн милиционер. Туаты Л. тæлмац 356 Пехлеван. 1уаты Л. тæлмац 363
ДАГЕСТАНСКИЕ ЮВЕЛИРЫ Сбориик произведений дагестанских писателей в переводе на осетинский язык Составитель Мамиева Н. К. Редактор Б. А. Муртазов Художник У. К. Кануков Технический редактор А. А. Дзгоев Корректоры С. X. Гутиева, Т. А. Кайтукова Сдано в набор 14-1-1961 г. Подписано к пе- чати 15-1У-1961 г. Формат бумаги 84х1081/33> Печат, листов 19,27 Учетно-изд листов 16,4 Заказ № 122. Изд. № 3 Тираж 1500. Цена 65 к. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, пр. Сталина, 11. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джаиаева, ]И\
БАФИППАЙД РÆДЫДТÆ Фарс 31 71 177 Рæнхъ 12 уæле 19 уæле 4 уæле Фыст у æрфы имынæт арæх кæй не ’фтыдысты Кæсын æй хъæуы арфы амынæт арæх не ’фтыдысты „Дагъистайиаг зæрингуырдтæ".