Author: Тъехты В.В.  

Tags: æрымысгæ  

ISBN: 5-7534-11080-8

Year: 2008

Text
                    Тъенты Валентин


Тъекты Валентин Т ЕШЙШШ МшÆш !ШСЩ:1^ та^ Радзырдтсе <%> Дзæуджыхъæу 2008
84(2Рос.Осе) Тъ-18 Тъехты В. Тъ—18 Нæ тутабæлæс: Радзырдтæ — Дзæуджыхъæу: Ир, 2008 — 111 ф. Техов В.В. Тутовник наш любим.ый 15ВМ 5-7534-1108-8(978-5-7534-1108-2) В коротких, удивительно ярких рассказах и одноакт.ной пьесе, вошедших в эту книгу, показана жизнь мальчика, полная невзгод и трудностей.и станов- ление его характера т. 4702470000-17 0 пй ■ *л<т*п Пп-\ ТъМ131(03)-08 8~°8 84(2Рос-Осе) © ГУП РСО-Алания «Издательство «Ир», 2008 ©Техов В.В., 2008 15ВЫ 5-7534-1108-8(978-5-7534-1108-2) ©Дзиов Б.Г., оформление, 2008
Мæхи тыххæй Рагæй фæнд кодтон мæ цардыл чиныг ныффыссын. Аивфæлгонц æмæ нывæфтыд æвзагæй нæ — уымæн æцæг фыссæг хъæуы. Афтæ æнæуи бавдæл æмæ дæ царды хабæрттæ ракæн, мацы дæр сæм æфтау- гæ бакæн, мацы дæр сæ æппаргæ акæн, афтæмæй. Æмæ, дам, уый цæй чиныг уыдзæн, фæзæгъынц мын мæ хæлæрттæ, мæ зонгæтæ. Æз та афтæ хъуыды кæнын: алчидæр йæ царды хабæрттæ куы ракæнид иннæтæн, уæд адæм бирæ фæзæрдæхæлардæр уаиккой. Цæргæ дæр кæниккой хуыздæр. Зæгъæм: мæ фыдæлты тыххæй мын ахæм чи- ныг-фыстытæ куы баззадаид, уæд сæ æз дунейы стырдæр фысджыты уацмыстæй дæр адджындæрæн кæсин. Фыссын æз æрæджиау райдыдтон — дыууиссæдз азы мыл куы сæххæст и, уæд. Хæрз чысылæй дæр иу цыдæртæ афыстон, фæлæ сæ рæгъмæ никуы рахастон. Ленингоры районы газеты мын цалдæр æмдзæвгæйы куы рацыди, уæд уыцы газеттæ мæ дзыппы нывæрдтон æмæ сæ Чъребамдз ахастон — мæ зонгæ фыссæгмæ сæ равдыстон, кæд- дæра мын цы зонд бацамонид. Уый зыдта, æз мæ дæсныдзинадмæ гæсгæ технолог-сæнгæнæг кæй дæн, уый, æмæ мын уайдзæфтыл схæцыд: — Дæхи фыдбылызы цæмæн тъыссыс?! Заманайы дæсныйад дæм ис, багуыбыр кæн, кус æмæ царды дзæбæхæй цæр! Цæмæн дæ ба- хъуыд æмæ фыссæг суай?! Мæнæ махмæ нæ кæсыс — къæбæр амал кæныныл нæ хъиутæ хæрæм. Æз уæддæр нæ басастæн. Фыстон æмдзæвгæтæ, фарстон фыс- джыты дæр, иннæ адæмæй дæр кæйдæрты. Æмæ мын иухатт иу чи- дæр афтæ загъта: — Ныууадз дæ фыссын. Кæд æй дæ бон ныууадзын нæу, уæд фысс! Уыцы ныхас мæ зæрдæмæ тынг фæцыди. Æмæ уæдæй нырмæ — иу-ссæдз азы дæргъы фыссын.'Мæхи нæ ифтындзын фыссыныл, фыссын æрмæстдæр тынг мæ куы фæфæнды, уæд> фыссын, цы фыс- сын мæ фæфæнды, уый. Рауагътон æмдзæвгæты цалдæр къаннæг чиныджы. Æнæуи фыссын радзырдтæ дæр, пьесæтæ дæр, газетон уацтæ дæр. Кæнын тæлмац дæр. Сарæзтон ирон оригиналон алфави- ты цалдæр варианты. Тынг уарзын шашкæтæй хъазын — уырыссаг шашкæтæй дæр, æппæтдунеон шашкæтæй дæр. Цалдæр хатты уыдтæн ерысты. 2001 азы сдæн республикæйы чемпион нырыккон шашкæтæй, тагъд хъазт кæй хонынц, уыцы хуызы. Раргом кодтон рагон грекъаг шах- 5
мæтты хъазты сусæгдзинæдтæ, фæстæмæ сног кодтон рагон ирон шаш- кæты хъазты уагæвæрдтæ, æрхъзыды кодтон нырыккон ирон шашкæтæ. Мæн зоны бирæ адæм, фæлæ мæ дзæбæх, куыд фæзæгъынц, кæ- ронмæ иу адæймаг дæр нæ зоны. Райгз’ырдтæн 1942 азы Каспы районы Хъарапинайыхъæуы. Уыцы хъæу ис Гуырдзы æмæ Хуссар Иры тæккæ арæныл. Хъæу сарæзтой ирæттæ сæхæдæг, æрлыгъдысты йæм Хуссар Иры алы ’мæ алы рæт- тæй. Æз куы райгуырдтæн, уæд нæ хъæуы уыди ссæдз хæдзары æмæ уыцы ссæдз хæдзары царди дæс мыггаджы: Тъехтæ, Уазæгтæ, Беста- утæ, Елойтæ, Мæргъитæ, Къоратæ, Тогойтæ, Дриатæ, Куыдзетæ. Се ’ппæт дæр сæ мыггæгтæ фыстой гуырдзиагау. Елойтæ ’мæ Дриатæ та гуырдзиагау сæхи фыстой «Меладзе». Ахуырмæ кзпыддæр бацыдтæн — 1948 азы — афтæ райдыдтон кусын дæр. Куыстон хуытæдарæн фермæйы. Чи зоны, искæй нæ уырна — æхсæзаздзыд лæппу куыд хъуамæ куса хуытæдарæн фермæйы? Æз дзы куыстон. Нæхи хъæуы дыууæкъласон скъола йеддæмæ нæ уыди, æмæ цалынмæ астæуккаг скъола фæдæн, уæдмæ раивтон цалдæр скъолайы. Ахуыр- мæ мæ зæрдæ тынг ради æмæ мын æнтысгæ дæр æвзæр нæ кодта. 1959 азы бацыдтæн Гуырдзыйы хъæууон-хæдзарадон институтмæ. Мæ царды уавæртæ зын кæй уыдысты, уымæ гæсгæ ахуыр кодтон фæсаууонмæ, æмæ уыцы æмрæстæджы кодтон алы ’мæ алыгъуызон куыстытæ. Афтæ кодтон алы ’мæ алыгъуызон куыстытæ, институт куы фæдæн æмæ, технолог-сæнгæнæджы дæсныйад куы райстон, уæд дæр. Сæрмагондæй мæхи дæсныйадыл бакусон, ома сæнгæнæгæй, уыцы гæнæн мын никуы фæци. 1992 азы мыл сæххæст и 50 азы. Æз банымадтон æмæ мæ куысты стаж дæр рауади 50 азы, æмæ мæ ахуы- ры стаж дæр — институты фæстæ ма фæсаууонмæ ахуыр кодтон цал- дæр раны. 25 азы дæргъы иухатт дæр никуы райстон, алкæмæ дæр æрвылаз цы улæфты мæй хауы, уый. Мæхи уатмæ æруадзон, уыйас никуы фæрынчын дæн. Рынчындонмæ æртæ хатты бахаудтæн æмæ æртæ хаты дæр ракодтон лидзгæ. Гыццылæй фæстæмæ ме ’нæуынон сты рынчындон, ахæстон æмæ талынг. 1990 азæй фæстæмæ цæрын Цæгат Ирыстоны. Кодтон æмæ кæ- нын алы ’мæ алыгъуызон куыстытæ. Ныртæккæ мæ сæйраг куысты бынат у сывæллæтты æмæ æрыгæтты спортивон скъола. Уым кæнын тренеры куыст, шахмæттæй чи хъазы, уыдонимæ. Ныр мыл цæуы 65 азы. Цæрын изшæгæй. Бинонтæ мын нæй. Мæ рагон бæллиц — æстдæсаздзыд рæсугъд ирон чызг ракурын — базза- ди бæллицæй. Уæддæр дзæгъæлы нæ фæцардтæн, кæд бирæтæ афтæ дзурынц, уæддæр. Скодтон иу нæ, фæлæ бирæ хæдзæрттæ, мæхи- цæн дæр, æндæртæн дæр. Ныссагътон иу нæ, фæлæ бирæ бæлæстæ, схъомыл кодтон иу нæ, фæлæ бирæ сывæллæттæ — мæхиуæттæ нæ уыдысты, фæлæ, боныфæстагмæ, цы уæлдай у! Æмæ ма иу хъуыддаг: никуы уыди мæ царды уът, æмæ искæмæн барæй, зонгæ-зонын æвзæр хъуыддаг саразон. Рæдыдтытæ та алкæмæ дæр вæййы.
<><*><«> Радзырдтæ ООО Фыды къандзол Сæрдыгон изæр уыд, æмæ дуармæ хъазыдтæн ме ’мбæлттимæ. Нæ зонын, цал азы мыл цыдаид, фæлæ ма гыццыл уыдтæн, хæрз гыццыл. Кæд мыл цыдаид, уæддæр фондз азы. Иуафон мад мæ уæл- хъус æрбалæууыд, йæ къухы мæ фыды бæмбæджджын къандзол. Йе ’фцæгготыл ын хæцы, æмæ къандзол æрдаргъ и бынмæ. Дзуры мæм: — Цу-ма, Иртаг, дæ фыды къандзол сдав цæхæрадонмæ. Афтæ загъта, стæй фездæхти фыды ’рдæм. — Ай хуызæн лæг никуы федтон! Цы йæ хъæуа, уый никуы ахæс- сы йемæ, стæй хъуамæ уырдыгæй йæ хъæр цæуа! Уæд къандзол у, демæ йæ ахæсс æмæ уа! Æз къандзол райстон мады къухæй. Мæ уæхскыл æй хордзены æппæрст бакодтон æмæ фæцæуыныл дæн. Нæ цæхæрадон уыди хъæ- уысæр. Хъæуы астæуты куыйтæй нæ ауæндыдтæн æмæ йæ кæрæтты ацыдтæн хъæуæн. Уым, хъæугæрон къуыппытыл уыди картофы уæрмытæ. Се ’хсæн- ты куы фæцæйуадтæн, уæд уæрмытæй иуы гом дзыхæй фæгæпп кодта мæ размæ цыдæр сау фæлгонц. Æз æй хæйрæг фенхъæлдтон, уымæн æмæ нæ хъæуы устытæ иууыл хæйрæджыты кой кодтой — кæмæндæр йæ хæдзармæ цæуынц хæйрæджытæ æмæ йын йæ къуымтæ ныффал- гæрон кæнынц. Кæмæндæр хъæуы лæгтæй йæ фæндагыл скодтой арт, кæмæндæр йæ хъзт æрдыгътой... Æз ныцъæхахст кодтон, фæстæмæ фæзылдтæн æмæ,— мæ тых-мæ бонæй лидзгæ. Лыгътæн æмæ мæм афтæ каст, цыма мæ уый дæр фæсте суры, хæйрæг дæр. Мæнæ мæ æрбаййафы, йæ къух мæм æрбадаргъ кодта æмæ ныххæцыди фыды къандзолыл. Мæн, къандзол дæттын нæ фæндыди, ноджы тынгдæр скуыдтон æмæ уæд къандзол феуæгъд и*мæ къухæй. Нæхимæ куы бахæццæ дæн, уæд мæ мад йæ хъæбысмæ фелвæста, йæ цæнгтæ мыл æрбатыхта æмæ мæ сабыртæ кодта. Фæлæ æз нал сабыр кодтон — мæ цъæхахст цыд, мæ уæнгтæ схъиудтой, мæ цæсгом та уыди сатæг-сау — уый мын мад дзырдта фæстæдæр, мæ цæсгом сау кæй уыд, уый, Уыцы изæры фæстæ райдыдтой мæ хъизæмæрттæ. Изæр-иу куы æрцæйхæццæ кодта, уæд-иу мæ уд джитæнтæн бахъуыд, фынæй нал кодтон, стæй-иу куы афынæй дæн, уæд та — утæхсæны фынтæ! Æппæ- тæй арæхдæр уыдтон ахæм фын: дыууæ хохы хæрдмæ фæцыдысты 7
иу нарæг комæй. Комы^стыр дон гуылфгæнгæ цæуы, йæ уылæнтæй фæйнæрдæм лæбз’ры. Йæ сæрмæ донæн иу хохæй иннæмæ бæндæн баст. Æз з’ыцы бæндæнæн хæцын йæ бæстастæу мæ дыууæ къухæй. Кæсын фæйнæрдæм — иуæрдæм дæр дард, иннæрдæм дæр. Кæсын бынмæ — уыцы стыр змæст дон бæстæ йæ сæрыл хæссы. Цы бакæ- нон?! Иуæрдæм дæр кæд фæхæццæ уыдзынæн æмæ иннæрдæм дæр афтæмæй! Мæ цæнгтæ ныйивæзтæсты. Бынмæ куы ныххауон, уæд та кæнæ уыцы стыр дойнаг дуртыл ныппырх уыдзынæн, кæнæ та уыцы фæйла}ггæ з’ылæнты фæхуыдуг уыдзынæн — нæ ленк кæнын зонын, нæ ’ндæр! Уæддæр араст дæн рахизæрдæм. Мæ къухтæй иу иннæйы сæрты айсын æмæ та ацахсын бæндæн. Фæлæ уæдмæ мæ цæнгты нз’æрттæ бадон сты. Феуæгъд дæн бæндæнæй æмæ фæцæ- уын дæлæмæ уыцы змæлгæ-уыраугæ уылæнтæм. Алыхатт дæр афтæ. Мад мæ цъæхахстмæ фехъал вæййы, йæ хъæбысмæ мæ фелвасы, фæлæ мæнæн æрсабыры хос нал вæййы. Мад бамбæрста, æз хæйрæгæй кæй фæтарстæн уыцы изæр, уьш, æмæ-иу мын дзурын байдыдта, хæйрæг кæй никз’ы и, адæм мысгæ кæй æркодтой хæйрæджыты. Æз цы саз’ фæлгондз федтон, уый та нæ хъæуккаг лæг Иорам кæй уыди. Æмæ мæм кæнгæ дæр æрбакодта иу фæссихор Иорамы. Иорам нæм бирæ фæбадти, сæн нуæзта, цыхт æмæ нартхоры кæрдзын хордта. Æмæ та-иу мæм æз’уилгæ-æууилын æрбадзырдта: — Уый æз з’ыдтæн, æз. Ныр картофкъахæнтæ райдайдзысты æмæ, зæгъын, з’æрм расыгъдæг кæнон. Æз дæр сцæйхызтæн фæстæмæ нæ уæрмæй, ды дæр бахæццæ дæ нæ уæрмы дзыхмæ. Æндæр кæм и хæйрæг. Уæд æй æз нæ зонин! Уый фæстæ гыццылгай сабыр кæнын байдыдтон. Мæ дзæбæх худ Цал азы мыл цыди — нæ йæ хъуыды кæнын, фæлæ мыл æхсæз азæй фылдæр нæ цыдаид. Иу сæрдыгон бон нæм Калакæй æрбацыд, дард хæстæг нын чи ’ййæфта, ахæм сылгоймаг. Йемæ ’рбахаста, сæхи чи нал хъуыд, ахæм дзаумæттæ иу стыр дзæкъулы. Дзæкъул йе ’дзаг нæ уыд æмæ дзаумæттæ къаддæрдзæкъз’лы дæр бацыдаиккой, фæлæ сылгоймаг барæй афтæ бакодта — фæстæмæ куы цæуа, уæд карто- фæй, цыхтæй, хъæдурæй йæ дзæкъз^лы фылдæр куыд бацæуа. Дзаз^мæттæй мæнмæ ’рхаз^ди ногдзаз^ты худ. Сырх дæргъæццон, сæрыфахсыл кæй фæдарынц, ахæм. Разæй йыл гыццыл сырх стъа- лы. Æз ыл тынг цин кодтон. Мæ сæры фахсыл æй ныккодтон æмæ дЗ’армæ разгъор-базгъор систон дыуз’æрдæм. Мæ хистæр æфсымæр Гигол мæм — раст мæ дыууæ азы ’мæ æрдæг хистæр уыди — бакæс- бакæс кодта, бæрæг уыд — хæлæг мæм кæны. Иу рæстæджы мæм йæ къух æрбадардта. 8
— Æри-ма, æз дæр æй фенон мæ сæрыл, кæддæра мæныл та куыд фидауы. Мæн нæ фæндыд, уыцы дзæбæх худ мæ сæрæй сисон, уый. Мæ сæр батылдтон. — Ницы дæм æй ратдзынæн. Гигол айтæ-уыйтæ нал фæкодта — фæлæбурдта мын мæ сæрмæ, худ аскъæфта, йæ сæрыл æй акодта æмæ иуварс алыгъд мæ цурæй. Æз нырдиаг кодтон, дур фелвæстон зæххæй æмæ асырдтон Гиголы. — Æри худ, æндæра дыл дур цæвын! Гигол нæ лæвæрдта хз’Д. Мæ разæй ралидз-балидз кодта æмæ хъæрæй худт. Æз ыл фехстон дур. Уый йæхи иуæрдæм фæзылдта, фæбырыд кæрдæгыл æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыд. Фæстæмæ фес- тад æмæ мæм дзуры: — Цæй, æмæ афтæ бакæнæм: кæрæдзийыл дуртæ æхсæм рады- гай. Æмæ нæ алчи раст лæууæд — фыццаг уал ды фехс. Кæд мыл сæмбæла дæ дур, уæд дын ратдзынæн дæ худ. Кæд мыл нæ сæмбæла дæ дур, уæд та дыл æз фехсдзынæн, æмæ дыл мæ дур кæд сæмбæла, уæд худ — мæн. Æз ыл фехстон дур. Дур æм комкоммæ фæцæйцыд, фæлæ Гигол иуварс агæпп кодта æмæ дур йæ фæрсты атахт. Æз смæсты дæн. Хъæр æм кæнын: — Цæмæннæ лæууыдтæ иу ран? Афтæ нæ загътам, алчи нæ йæ бынаты лæудзæн?! — Гъо! Дур мыл фæцæйæмбæлд, æмæ йæм мæ ных бадардтаин?! Иннæ хатт раст лæудзынæн. Фæлæ ныр мæ рад у. Раст слæуу. Æз раст слæууыдтæн. — Фехс! Гигол рахста иу тымбыл дур. Дур комкоммæ мæ сæрмæ æрба- цæуы, уый федтон, фæлæ æнæзмæлгæ лæууыдтæн. Уыйау тæппуд кæй нæ дæн, уый æвдисынмæ хъавыдтæн ме ’фсымæрæн. Уæдмæ дур мæ сæрæн — къæрцц, æмæ йæ туг акалд мæ сæрæн. Æз скуыд- тон, мæ мидбынат зылдтæн, афтæмæй хъæр кодтон: — Æри мын мæ худ! Уæдмæ мæ хъæрмæ хæдзарæй рауад нæ мад. Гигол фæтарсти, худ зæхмæ аппæрста æмæ алыгъд. Мад, мæ сæры туг кæлы, уый куы федта, уæд хорзау нал фæци. Йæ сæрбæттæн фелвæста, мæ сæр мын дзы бабаста, стæй худ систа æмæ мын æй мæ къухмæ радта. Мæнмæ мæ худ куы бафтыд, уæд мæ мæ сæры цæф ферох. Мæ худ мæ дæл- лагхъуырмæ нылхъывтон æмæ ныссабыр дæн. Уыцы æхсæв мæм хуыссæг æмгæрæтты нал цыд. Худ мæ нывæр- зæны уыди, мæ базы бын, фæлæ йын уæддæр тарстæн — куы бафы- нæй уон, æмæ-мын æй исчи куы райса мæ базы бынæй. Бонырдæм мæ цæстытæ кæрæдзийыл авæрдтон. Фæлæ мæ уайтагьд мад райхъал кодта. — Уæлæмæ сыст лæппу, хуыты хизынмæ аскъæр. Æз сыстадтæн, мæ худ раластон базы бынæй, мæ сæрыл æй нык- кодтон æмæ хуыты рауагътон хуыдонæй. Хъæугæрон, хз’ытæ хизын куы райдыдтой, уæд сæ кæрон иу урс дурыл æрбадтæн æмæ рæдзæ- 9
мæдзæ байдыдтон. Уæд нæ сыхæгты лæппу Сындзи кæцæйдæр фæ- зынд, æз фынæй дæн, уый куы федта, уæд мын мæ худ аскъæфта. Æз бæргæ фестадтæн, фæлæ иуæй хуыссæгхъæлдзæг уыдтæн, иннæ- мæй Сындзи мæнæй стырдæр уыд æмæ йæ куыд аййæфтаин? Худ ахаста. Æз кæугæ æрбацыдтæн нæхимæ. Мад ацыди Сындзийы агу- рæг, кæм æй нæ фæцагуырдта, ахæм бынат нал баззад, уæддæр æй не ссардта — мæнæ, цыма зæххы скъуыды аирвæзт, уымæй уæлдай йæ кой-йæ хъæр нал хъуысти Сындзийæн. Къуырийы дæргъы йæ фæцагуырдта — нæ йыл фæхæст и. Уый фæстæ фæзынди Сындзи. Исдуг ныфсытæ æвæрдта — рат- дзынæн ын æй, æрбахæсдзынæн æй. Стæй рахабар кодта — дон, дам, мын æй аласта. Æз уый куы фехъуыстон, уæд бынтон нал æнцадтæн мæ кæуы- нæй — иууыл мæ цæстытыл уади мæ худ, мæ дзæбæх хз’д. Йæ раззаг тигъыл гыццыл сырх стъалы. Фæлæ нæ сайгæ кодта Сындзи — фыдзонд æмæ фыдуд уыди. Бавдæлд æмæ йæ кæмдæр зæххы баныгæдта. Стæй æз мæ кæуынæй куы банцадтæн, нæ хæдзары х’уды кой куы ничиуал кодта, уæд æй скъахта, фæлæ йæ, æвæццæгæн, уымæл ран баныгæдта æмæ ныссы- мæр и йæ хъуымац, кæрæдзийыл нал хæцыд æмæ йæ уæд æцæгдæр баппæрста доны. Мæнæн та мæ цæстытыл ауайы нырма дæр, æмæ та мæсты улæфт сыхъуысы мæ риуы арфæй. Мæ кæстæр æфсымæр Габа Галиу уыди Габа. Йæ дыууæ къухы кæм нæ фæтъыстаид! Мæнæ цыма, цы ми кæны, ууыл æппыидæр хъуыды кæнын нæ фæрæзта. Иухатт мын мæ сæр лæдзæгæй ныкъкъæрцц кодта, йæхæдæг ли- дзынмæ фæци. Æз æй фæсте асырдтон. Уый нæ сыхæгты кæртмæ багæпп кодта сæ ныллæг быруйыл. Æз æй нал баййафдзынæн, уый куы базыдтон, уæд зæхмæ фæгуыбыр кодтон — дур фелвасон æмæ йыл æй фæсте фехсон. Раст уыцы рæстæджы сыхæгты ус сæ дуарæй рахызт. Мæн гуыбырæй куы ауыдта сæ быруйы рæбын, уæд мыл йæхи хъæрццыгъайы цæф ма ныккæна! — Цæмæн мын пырх кæныс мæ’ фæткъуыйы хустæ?! А чызг дын дæ дыууæ хъусы дæ къухыавæрдзæн, дæлæ къулбадæг! Æз лæугæйæ баззадтæн, æмæ æрмæст уæд федтон, мæнæй чысыл фалдæр хъисыныл тæнæг пырх фæткъуыйы лыггæгтæ. — Науæд хъазыс æмæ уæхи уынджы хъаз! Мах уынджы йед- дæмæ хъазæн никуы ис?! Æз лæууыдтæн, уый тардзæгъдæн кодта: — Ардыгæй хъуамæ лидзинаг фæуæм, æндæр нын хос нал и! Дæ мард дын ахæссæд дæхи кæртæй, куы ма нæ ныууадзай, уæд, уый дын мæ хуыздæр арфæ! 10
Уыцы изæр гыццийæн цы нæ фæдзырдта. Æз та мæ сæрæн æппын- дæр ницы зыдтон. Уый фæстæ æнæхъæн мæй мæ сæрыл нал схæцыдтæн — æппын- дæр мацы фыдуаг ми ракæнай, æмæ дыл фыдуаг лæппуйы ном сбада! Фæлæ мæ хъз’ыддæгтæ ууыл дæр нæ фесты. Иу изæр хъомтæ сæр- вæтæй здæхтысты. Хъуццытæ сæ рæуæдтæм уасыдысты. Æз лæууыдтæн нæ дуармæ. Уыцы рæстæджы Габа кæцæйдæр фæзынд, фæсте мæ къа- хæй стъæпп кодта æмæ уæртæ фæлидзы. Æз тынг фæмæсты дæн, дур фелвæстон æмæ йыл æй мæ тых-мæ бонæй ныддыввытг кодтон. Дур атахт æмæ нæ сыхæгты хъуари уæлхæдзарыл йæ къæрцц фæцыд. Æз фæтарстæн æмæ сыхæгты дуармæ нымдзаст дæн — ма та ныффæдис кæна сæ ус, дур сæ хъуарийыл кæй сæмбæлд, уый тыххæй. Уæдмæ дзгр ратылд хъуаритыл æмæ, сæ гыццыл лæппу къулырæбынты куыд æрба- цæйцыд, афтæ йæ тæккæ сæрыл æрхауд. Лæппуйæн йæ цъæхахст ссыд. Æз фæтарстæн — лæппу мæлы, ныр мæнæн ам цæрæн нал и. Алыгътæн, хъæугæрон нартхоры хуымы бамбæхстæн. Уырдыгæй кастæн, мæ зæрдæ йæ гуыпп-гуыппæй не ’нцад, афтæмæй. Кастæн æмæ Хз’ыца- уæн лæгъстæ кодтон, сыхæгты лæппу удæгас куыд баззайа, мæн та куыд æрцахсой æмæ цæрæнбонты ахæстоны кз’ыд фæдарой. Æмбисæхсæвмæ æввахс уыдаид, афтæ мæ ссардтой нартхоры хуы- мы, загътой мын, лæппуйæн кæй ницы уыд, дзæбæх кæй у. Æз æнæхъæн сæрдыдæргъы бон уæлгъæдæй фынæйы рацу-бацу кодтон, æхсæв та фыдфынтæ уыдтон. Зузи Зузи не ’рвадæлты чызг уыди. Алы аз дæр æртæ хатты цыди чын- дзы. Нæ, чындзæхсæв-иу ын не скодтой æмæ-иу æй æмдзæгьдгæнгæ нæ ахастой. Æнæуи та-иу йæхи лæджы фæуагъта æмæ та-иу æндæр лæг акодта. Уæд йæ фыд чи у, Хареби, уый бавдæлд æмæ йæ сæ хæдзарæй ратардта. Ныр Зузи сæхимæ нал цыд æмæ махыл сагъуыди. Иухатт та нæм æрбацыди. Фынгыл хæргæ-хæрын йæ хабæрттæ кодта. Цæвиттон хъуыддагæй та ногæй чындзы ацыди. Ацы хатт йæ лæг у гуырдзиаг. Цæрынц Агаянийы. Сæ сæнæфсирæн йæ тонына- фон аивгъуыдта, æмæ махмæ уый тыххæй æрбацыд, кæд нæ искæй- ты йемæ акæнид æмæ сæм фæкæсиккой сæнæфсир тонынмæ. Дыккаг бон сæхимæ куы цыди, уæд ын нæ мад иу-цалдæр хызы- ны байдзаг кодта цæмæйдæрты, æмæ йæ афæндараст кодта. Йемæ сæнæфсир тонынмæ ничи ацыди нæ бинонтæй — никæй сæ æвдæлди. Мæн тынг фæндыди, фæлæ мæнæй нырма цæй кусæг уыд, æмæ мæн нæ кодта, стæй мæ Дзыцца дæр нæ з7агъта. Уæддæр бинонтæ. кз^ы ’рсабыр сты, уæд сусæгæй Зузийы фæстæ фæраст дæн. Далæ йæ нæ куыройдоны дæле аййæфтон. Зузи мын йæ дзæкъултæй дыууæйы хордзенты баст бакодта æмæ мын сæ мæ уæхскыл сæвæрдта, иннæ дыз’уæйы та йæхæдæг хаста. 11
Машинæты фæндагмæ нæ дыууæ километры йеддæмæ нæ хъуы- ди бæргæ, фæлæ Зузийæн, шофырæн æхца бафида, уый йæ цæст нæ уарзта, æмæ нын машинæты фæндагыл дæр къахæй цæугæ æрцыди — суанг далæ Игостимæ. Мæнæн, æвæццæгæн, мæ уд мæ хъуырмæ схæццæ и, афтæ бафæлладтæн. Мæ уæхсчытæ дыз-дыз кодтой, мæ комыкъултæ ныххус сты. Игостийы раст фæндаджы был уыди хæрæндон. Уым куыста Зу- зийы зонгæ. Уый нæ бакодта хæрæндонмæ æмæ, Зузийæ æхца нæ айста, афтæмæй нын цыдæртæ-цыдæртæ бахæрын кодта. Мæнæн иу- цъус фенцондæр ис. Зузи хъавыди суанг сæхимæ, Агаянимæ къахæй цæуынмæ, цæмæй æхца ма бахардз кæна, фæлæ, мæнмæ куы ’рбакаст æмæ мын мæ фæл- лад фæлурс цæсгом куы федта, уæд ын æндæр гæнæн нал уыдис. Æмæ мæм хорз фæхыл кодта, йæ фæдыл кæй фæраст дæн, уый тыххæй. — Дæ бон ницы уыд, афтæмæй кæдæм расхъæл дæ мæ фæдыл?! Гъе- ныр хъуамæ ам дæлæмæ мæ мæгуыр капеччытæ уаргæ цæуон! Ды куы нæ уаис, уæд афонмæ нæхимæ уыдаин æмæ мæхицæн бадин дзæбæх. Мæнмæ уыцы ныхæстæ тынг бахъардтой. Скæуынмæ мæ бирæ нал хъуыди. Фæфæнд кодтон — ныззилон æмæ фæстæмæ аздæхон нæхимæ, фæлæ мæ ныфс нæ ахастон уыцы дард фæндагыл иунæгæй. Уым нæ иу шофыр сæвæрдта Агаянийы фæзилæнмæ, Зузи шо- фыримæ — иу зылынрихи лæппу-лæг — цыдæртæ адзырдта гуыр- дзиагау, бахудтытæ йæм кодта, æхца йын нæ бафыста. Æмæ та уыцы фæзилæнæй адардтам фистæгæй. Хъæумæ бахæццæ стæм талынгмилты. Нал æй хъуыды кæнын, æхсæвæр бахордтам æви нæ бахордтам, уый... Фæлæ уый хъуыды кæнын æмæ æхсæв-бонмæ хуыссæджы хъæстæ нæ фæдæн: Зузийы дыууæ сыхаг усы æхсæв-бонмæ сæ хыл-сæ хъæлæбайæ нæ банцадыс- ты, æмæ афтæмæй куыд бафынæй уыдаин! Хаттæй-хатт-иу дыууæ усмæ дыууæ лæджы дæр фæкастысты хъæр-хъæлæба кæнынмæ. Дыккаг бон дæр суанг изæрмæ нæ банцадысты сæ загъдæй, æцæг куы баизæр и, уæд афтæ ныффæсус сты, æмæ сæ хъæр мидæмæ нал хъуыст. Ми- дæмæ нæ фæлæ сын, æвæццæгæн, сæ кæрæдзимæ дæр нал хъуыст. Æмæ сæ хыл дæр уымæн .ныууагътой. Куыд дзырдтой, афтæмæй мах Зузиимæ цы изæры ныхæццæ стæм Агаянимæ, уымæн йæ размæ цы бон уыд, уæд райдыдтой хыл кæнын райсомы митæ кæныны афон. Мæнæн уыцы бонæй зындæр бон нæ уыди, æвæццæгæн, мæ цар- ды. Мæн сæндонмæ фæндыди, фæлæ мæ Зузи хæдзаргæс ныууагъта. Æмæ бад хæдзары бон изæрмæ æмæ уыцы дыууæ усы хъæрахстмæ хъус. Нрджы ма-иу сын рæстæгæй-рæстæгмæ сæ хылмæ дыууæ лæ- джы дæр æрбаппæрстытæ кодтой фæйнæрдыгæй сæ уæззау ныхæстæ. Æз та афтæ æнхъæлдтон — ацæудзынæнсæндонмæ. Уыцы стыр’ цуп- пæлттæ тондзынæн, сæ иуты хæргæ кæндзынæн, иннæты сæнæфсир- тонæн тæсчъыты æвæрдзынæн. Уæддæр хорз уыди æмæ æхсæв уым нал баззадтæн. Стæй Зузийы дæр нал федтон — дыууæизæрыастæу мæм гыцци æрхæццæ и æмæ нæхимæ рафардæг стæм. 12
Къухæйтулгæ цалх Иу бон Батырæн йæ мады хо горæтæй æрбахаста пластмассæй арæзт рог, рæсугъд , къухæйтулгæ хъазæн цалх. Батыр ныггуыбыр кодта, йæ дыууæ къухæй цалхæн йæ дыууæ фарс цы хæцæнтæ уыд, уыдоныл ныххæцыд æмæ кæрты дыууæрдæм разгъор-базгъор кодта. Æз æй куы ауыдтон, уæд мæн дæр тынг æрфæндыд хъазын, фæлæ Батырæн ницы загътон. Зыдтон æй, уæддæр мæм æй нæ авæрдзæн, æмæ мæхи афтæ дардтон, цыма йæ уынгæ дæр нæ кæнын. Мидæгæй та хæлæгæй тъæппытæ хаудтæн. Мæ фыд, нæ разы цæхæрадоны нартхор рывта, æз йæ уæлхъус балæууыдтæн æмæ йын кæуын хъæлæсæй дзурын: — Пъелæ Батырæн цы къухæйтулгæ цалх æрбахаста, ахæм ма мæнæн дæр балхæн. Балхæн мын кæннод демæ родгæс нал ацæудзы- нæн. Хадо кæртмæ æрбахызт, бакаст Батыры цалхмæ æмæ мæм дзуры. — Иртаг! Æз дын ацы тæккæ сахат ацараздзынæн ахæм ма- шинæ. Бацыд скъæтмæ, уырдыгæй рахаста, цары хъæды сæр ын цы æфсæйнаг цалх тъыст уыд, уый æмæ йæ æрывæрдта кæрты астæу. Уырдыгæй аракæс-бакæс кодта, уæртæ тыргъы кæрон суыдта иу тым- был цыбыр хъил. Рахаста йæ, цалхы хуынчъы йæ атъыста æмæ та мæм дзуры мæсты хъæлæсæй: — Мæнæ дын машинæ, æмæ хъаз. Æмæ алкæмæ хæлæг ма кæн. Нæ йæ зоныс æххормаг рæстæг у, нæ хæдзары къæбæр бахæрынæн, куы нæ ис, уæд дын цæмæй балхæнон машинæ? Æз ныххæцыдтæн мæ дыууæ къухæй хъилы кæрæттыл цалхæн йæ дыууæ фарс æмæ гуыбыр-гуыбыр азгъордтон цалхы фæстæ. Уын- джы куы ауырдыг кодтон, уæд мæ цалх йæ фæстæ аскъæфта. Иу ран цалх фæзылд, мæ рахиз къухы астæуккаг æнгуылдз иу стыр дурмæ бахастон, къухы ных дурыл æндæгъдæй аззади. Æз цалх феуæгъд кодтон, фæгæпп ластон тæвдæй æмæ мæ къухмæ æркастæн. Ме ’нгуыл- дзыл ных нал ис, æмæ йæ туг кæлы, уый куы федтон, уæд хъæрæй ныббогъ кодтон: — Мæ къухы ных мын баныхасут мæ къухыл, æндæра мæхи амар- дзынæн! Мæ мад æрхæццæ мæ кæуынмæ, ных ссардта æмæ мын ме ’нгуыл- дзы куы бабаста, ных йæ бынаты афтæмæй, уæд бахъæлдзæг дæн. Уæд мыл фондз азы йеддæмæ нæма цыдис, æмæ нæ зыдтон, мæ къухы ных ногæй кæй разадаид, уый. Нæдæр уый зыдтон, дæ хуыс- сæн куыд уа, дæ къæхтæ афтæ хъуамæ адаргъ кæцай, æмæ мæ фыды æнæхъуаджы батыхсын кодтон. Мæхицæн та фыдбылыз сарæзтон, фæлæ мын уыцы хабар уæддæр зонды хос фæцис. Уыцы бонæй фæстæмæ никæмæуал хæлæг кодтон. 13
Калм Ацы хабар мыл æрцыди сывæллонæй, фæлæ мæ ныр дæр нæ рох кæны. Æз цыдтæн скъолайæ нæхимæ. Нæ хæдзармæ мæ бирæ нал хъуы- ди, афтæ мæ хъустыл æрцыд æнахуыр цъæхахст. Æз, цы къахвæнда- гыл цыдтæн, ууыл мæхи размæ аппæрстон. Хæдзары фæмидæг дæн æмæ цавддурау лæугæйæ аззадтæн. Мæ рынчын мад хуыссыди йæ сынтæджы, куыд фæхуыссы, афтæ. Йæ къубалыл ын хъуырбæттæ- нау йæхи стыхта сатæг-сау калм, æмæ йæ сæр бæрзонд систа, йæ дзых схæлиу кодта, йæ саджил æвзаг раласта, йæ сыф-сыф цæуы, афтæмæй бахъав-бахъав кæны мады риуыл чи хуыссыди, уыцы сы- вæллонмæ. Сывæллон афтæ ’рбатымбыл æмæ бандзыг, цыма зæды цæсгомы хуызæн кæмæн вæййы, ахæм дзуары ныв уыди. Калм хурх æлхъывта æмæ мадæн йæ хуыр-хуыр цыди. Мæн куы ауыдта мад, уæд йæ цæстытыл цыдæр ныфсы тæпп абадт, фæлæ уый уыд æрмæст иунæг уысм, стæй фæстæмæ фæтар сты йæ цæстытæ мадæн — ацамыдта мын æввахс мæм ма ’рбацу. Æз фæлæбурдтон калммæ, мæ галиу къухæй йын йæ къубал ра- цахстон, мæ рахиз къухы ныхтæй йын йæ буар нылхъывтон. Мæ цæнгты тугдадзинтæ ныттынг сты, сæ нуæрттæ ныннæрстысты. Калм ныхситт кодта, йæ къæдзил уæлдæфы дыууæрдæм радав-бадав код- та, кæд истæуыл фæхæст уаид æмæ йыл атыхсид, уый зондæй. Уæд æй æз афтæ хъеллаугæнгæ раскъæфтон æддæмæ, уым тутабæласы бын сугсæттæн къуыдыры сагъд фæрæт фелвæстон. Калм къуыдырмæ æруагътон, фæрæтæй йæ æркъуырдтон, фæлæ дыууæрдæм ратас-ба- тас кодта æмæ йыл не ’руади фæрæт. Мæ цæстытæ тартæ кæнын байдыдтой, мæ уæнгтæ æнахуыр уæззау ныййисты. Калм æхситт кæны, йæ къудийæ мын мæ цæсгом æмæ мæ цæнгтæ цъыччытæ кæны. Но- джы ме ’намондæн æрбадымдта, тутайы даргъ къалиутæ мæ алыварс силлæг сты æмæ мæ дзæбæх фезмæлын нæ, фæлæ дзæбæх ракæсын дæр нал уадзынц. Калм тутайы къалиутæй иу рацахста, йæхи йыл атыхта æмæ йæхи аивæзта уыцы æрдæм. Раст ыл уæд дыккаг хатт æруагътон фæрæт æмæ йæ фæдыууæ кодтон. Стæй фæрæт аппæр- стон æмæ хæдзары смидæг дæн — дзыцца æмæ сывæллон цы баисты! Уыдонæн ницы уыд, мад-иу растади, æвæццæгæн мæ фæдыл рацæ- уынмæ хъавыд, фæлæ та-иу йæ сæр разылд æмæ та-иу фæстæмæ ахауд сынтæгыл. Уыдоны дзæбæхæй куы федтон, уæд ма фырцинæй цы ми акодтаин, уый нал зыдтон. Уалынмæ мын цыма мæ-галиу къу- хыл цыдæр æруæз кодта. Мæ цæстытæ æрзылдтон мæ къухмæ æмæ — уо Хуыцау! Кæд нырма калмы сæр нæ уыди мæ къухы!.. Фæстæмæ дуармæ балæууыдтæн. Мæ къух иуварс ныррйуыгътон — уадз æмæ дарддæр атæха калмы сæр! Фæлæ кæм! Калмы сæр ауыгъдæй баззад мæ кæстæр æнгуылдзыл. Уыцы цъаммар мын кæуылдæрты баирвæзт мæ кæстæр æнгуылдзмæ æмæ дзы фæтъыста йæ маргæйдзаг дæндаг. Æнгуылдз рæсийынмæ фæци... 14
Æз зыдтон — кæмдæр æй кастæн — ахæм уавæрты æнгуылдз хъуа- мæ атæхын кæнай, цæмæй марг дарддæр ма ацæуа тз’джы мидæг. Кæннæуæд лæгæн æнæ мæлгæ нæй. Фæрæтмæ та фæлæбурдтон, ме ’нгуылдз къуыдырыл æрæвæрдтон, фæрæт хæрдмæ фæхастон, фæлæ — нæй, фæрæт ме ’нгуылдзыл æруадзон, уый хъару мæм нæ разынд. Уæдмæ цонджы хъз’лмæ бахæццæ и рæсыд. Фæстæдæр гæнæн нал уыд — уæд мæ цонг йæ рæбынæй кодта лыггæнинаг. Ногæй та фæха- стон фæрæт. Ацы хатт æй уадзгæ бæргæ æркодтон æнгуылдзыл, фæлæ цæф тыхджын нæ рауад æмæ æнгуылдз кæронмæ нæ алыг. Туг цых- цырджытæ ныллæууыд фæйнæрдæм. Мæ цæстытæ та атартæ сты. Уæддæр мæ фæстаг тыхтæ бамбырд кодтон, фæрæт ма хъил бæргæ фæкодтон, фæлæ мæ сæр разылди ’мæ ницуал бамбæрстон афтæмæй уæлгоммæ ахаз’дтæн зæххыл. Мæхи куы æрæмбæрстон, з’æд мæ уæлхъз’с лæз^щысты дыууæйæ — иу урс халатджын сылгоймаг æмæ^Дзыцца — йæ цæстытæ фыркуы- дæй ныррæсыдысты Дзыццайæн. Йæ бон дзурын дæр нал уыд, аф- тæмæй ма гуым-гуым кодта: — Иртаг, мæ адджын хъæбз^л, мæн тыххæй дæхи цæуыл сæфтай... Фæстæдæр, бирæ фæстæдæр кз’ыд базыдтон, афтæмæй мæн фер- вæзын кодта нæ тзпгабæлас: уымæн йæ даргъ къалиутæ ахæм хæл- бурцъ æмæ æхситт систой дымгæмæ æмæ йæм нæ сыхæгты ус фæди- сы фæцыд. Мæн афтæмæй куы федта, уæд дохтырмæ адугъ кодта. Стæй ма куыд рабæрæг и, афтæмæй тутайы лыстæг æмæ тасаг къа- лиу цыдæргъуызы стыхст мæ цонджыхъулыл æмæ маргæйдзаг туг мидæмæ нал бацыд. Къализ’ йæхæдæг афтæ тынг не стыхстаид, æвæц- цæгæн. Куы ахаз’дтæн, уæд ма кæмдæр мæ зонд æрцахста, æмæ йыл æй мæхæдæг æртыхтон. Куыд уыди, цы уыди, уæддæр мæ нæ тутабæлас фервæзын кодта. Изо Мæ царды мидæг фыццаг цы чызджы бауарзтон, уый ахуыр код- та фæндзæм къласы, æз та — æхсæзæмты. Куыддæр æй федтон, афтæ мæ цæстытæ чызджы уæлæ баззадысты. Уыдонæн уæд физкульту- рæйы урок уыдис,. æмæ гæпп кæнынмæ куы рацæйзгъордта, уæд ын дымгæ йæ къаба йæ буармæ балхъывта, бынтондæр баныхæсти къаба буарыл. Йæ дзыккутæ та йын фæстæмæ айтынг кодта æмæ сæ афтæ- мæй рацæйскъæфта йæ рæсугъдтымбыл сæрыл... Уыцы ныв мæ цæстытыл баззади цæрæнбонтæм. Нæхи хъæуы скъолайы дыууæ къласы йеддæмæ нæ уьщ, æмæ дарддæр ахуырмæ æндæр хъæумæ цыдыстæм, уыдоны хъæумæ. Æз- иу иннæтæй тагъддæр схæццæ дæн скъоламæ æмæ-иу рудзынгæй кастæн. Изо — ахæм æнахуыр ном уыди чызгæн — уынджы-иу куы фæзынд, уæд-иу мæ зæрдæ фыргуыпп-гуыппæй рацæйтыдта. Стæй- иу йæ размæ раз’адтæн тыргъмæ, нæ цæстытæ-иу кæрæдзийыл авæрд- 15
там, салам-иу радтам кæрæдзийæн нæ сæрты банкъуыстæй, æмæ-иу нæ мидбылты бахудтыстæм. Ныр-иу математикæйы формулæты «Из» фыссын кæм хъуыди, уым æз фыстон «Изо». Ахуыргæнæг мын æй мæ цæстмæ бадардта, уæддæр мæ кæнон нæ уагътон. Æмæ мын уæд ахуыргæнæг «дыууæ» куы нывæрид. Æз математикæйæ иттæг хорз бæрæггæнæнтæ истон, æмæ мын «дыууæ» райсын афтæ зын уыд, æмæ дæс боны æмæ дæс æхсæвы фынæй нал кодтон. Фæлæ уæддæр «Из» никуы ныффыс- тон, фыстон «Изо». Уый фæстæ йæ, кæнæ ахуыргæнæгæн исчи бам- барын кодта, кæнæ фæлмæцгæ скодта мæ «Изо»-тæ раст кæнынæй, нæ йæ базыдтон, фæлæ мын ахуыргæнæг ницуал загъта, раст дæр мын нал кодта мæ «Изо»-тæ. Æз чызгæн комкоммæ ме ’нкъарæнтæ раргом кæнон, уымæ мæ ныфс нæ хастон. Æмæ нæ хъæуккаг лæппутæй мæ фарсмæ чи бадти, уый баминæвар кодтон: дзырдтон-иу ын, Изо куыд рæсугъд у, куыд дзæбæх у, æмæ йæ куыд бирæ уарзын уыдæтты тыххæй. Уый-иу мæм фæхъуыста, фæхъуыста æмæ та-иу йæ сæр анкъуыста уæле дæлæмæ. Куыд рабæрæг и, афтæмæй уый дæр уарзгæ кодта Изойы æмæ йæм куыд хъуамæ фæхæццæ кодтаид ме ’нкъарæнтæ, цы хуызы йæм сæ фæхæццæ кодтаид! Рацыди бирæ азтæ. Æз бирæ фæрахау-бахау кодтон царды фæндæгтыл — скъолайы фæстæ уыдтæн æфсады, фæдæн институт, куыстон БАМ-ы, сарæз- тон хæдзар, балхæдтон машинæ. Ныр мæ хъуыди хъуыддаг бакæ- нын, фæлæ мæ цæстыты раз æдзухдæр Изо уыди — иухатт гæпп кæнынмæ куыд рацæйдугъ кодта, афтæмæй, æмæ æндæр искæй раз куыд хъуамæ æрлæууыдаин?! Баззадтæн иунæгæй. Иртаджы бæсты мæ адæс Иутаг хонын бай- дыдтой. Уæддæр мын мæ сонты бонты уарзт ныфсы хос у нырмæ дæр. Нæ тутабæлас Мæ фыд æххæст йæхи æмбарынхъом дæр нæма уыд, афтæ, дам, йæ фыд ралыгъд Комрæбынæй Сæуæхсидыхъæумæ. Иннæ хъæук- кæгтау уый дæр ныууагъта йæ фыдæлты уæзæг, йæ чъыр-дурын хæ- дзар, фæлæ кæрты цы æрыгон тутабæлас уыд, уый ныууадзын йæ цæст нæ бауарзта. Бахъавыд æмæ йæ, йæ уидæгтæ сыджытæмбæрзт куыд уыдаиккой, афтæ скъахта, дзæбæх æй батыхта бызгъуырты. Багалæгыл дæр æй нал баппæрста, йæ уидæгтæ уæрдоны уыгъдæй куы сбæгънæг уыдаиккой, уымæй йын тарст æмæ йæ иу хъæуæй ин- нæмæ йе ’ккой фæхаста. Кæрты йæ ныссагъта. Хæрззылд, донæф- сæст бæлас сыфтæр рафтыдта, тагъд тыллæг дæр радта. Ирон адæмæн афтæ баззад æмæ кæрты алыварс æмбонд нæ арæз- той. Уый нæ фыдæлтæм нымад уыд чъындыдзинадыл, цард-иппæрд- 16
дзинадыл. Æмæ нæ кæрты уæгъдибарæй лекка кодтой фос. Нæ дыргъ- бæлæстыл сæхи хафтой хуыйæ-стурæй, фæлæ тутайæн ницы батых кодтой. Абон дæр ма лæууыдаид æмæ сæрыстырæй фæлгæсыдаид йæ алфамбылай. Нæ тутабæлас мæнæн уæлдай зынаргъдæр уьгмæн уыд,. æмæ уый уыди Залиханимæ нæ фембæлдтыты æвдисæн. Уый бът фызццаг хатт загътон уыцы диссаджы дзырд «уарзын дæ».. Уый бьш фыццаг хатт нæ кæрæдзийы рустыл аныдзæвдысты нæ былтæ. Йæ з’æлæ-иу ту- татæ хæрыны æфсон сбырыдыстæм æмæ нæ уарзæгой зæрдæты фæн- диаг^ныхас кодтам, нæ фидæны цардыл тæрхæттæ хастам.. Йæ мады хо нæ хæрз сыхаг уьгд æмæ ньш уый ашзщæмæй дæр нæ къух арæзта, йæ хъус нæм дардта, æнæгъдаудзинадæй нæ хьгзта. Ууыл æй ардыдта мæ мад дæр. Астæуккагскъолакасткуыфæдæн, уьгйхæдуæлвæдмæнæфсадмæ акодтой. Цæссыгкалгæ хицæн кодтам Залиханимæг нæ тутабæласы сыфæй ард бахордтам, куыд нæ мæлæт йеддæмæ ницы фæхицæн кæндзæн æмæ цардæмбæлттæ бауыдзыстæм,. З’уьгл. Гъе, фæлæ ньш ныхыбардз^аг йæ хорзæх нæ радта. Иурæстæджы дзы фыстæг нал истон. Стæй мæм æрæджиау йæ мадьг хо куы ныф- фьгссид Залихан, дам, машинæйы бьш фæци, Залихан,, дам, амарди. Цæугæ та районмæ фæцæйкодта посты хайадмæ, цæмæй мæм уырдьг- гæй хуьгн рарвыстаид. Уыцьг х^^ьгны чырьшьг з^ыдис нæ* тз^табæласæй йæхи тьгнд тутатæ дæр. Мæньгл дуне сафтид и. Хур мьгл нал каст. Æнæсæрфатæй хат- тæн. Æвæццæгæн мæ мастæн нæ бафæрæзташг, мæнæ ме ’мбæлттæ нæ уыдысты, уæд. Мæ къах мæ хъæумæ нал бахаста. Тбилисмæ æрцыдтæн.. Уьгм ку- сьгн райдыдтон, фæсаууонмæ та ахуьгр кодтон. Цардтæн æмæ хаттæн Залиханы фæлгонцимæ, мæ мысинæгтимæ, ме ’нкъард хъуьгдьгтимæ. Царды мидæг бирæ диссæгтæ æрцæ^^ы,: адæймаг? кæуьгл не ’ууæн- дьг, ахæм диссæгтæ. Чи зоньг, исчи нæ баууæнда ацьг хабарыл дæр, фæлæ уьгй у, мæ цардьг æцæгæй чи ’рцыд, ахæм хабар. Фыньг мæ гом рудзынджы тарвазыл абадт сауцъиу æмæ мæм цъьг- бар-цъыбургæнгæ бадзырдта мидæмæ. «Æз дæм, Иртаг, фæзьшдтæн зынзæгъæн уацимæ, фæлæ йьгн æнæ зæгъгæ-нæй. Дæ:уарзон Залиха- нимæ уæ уарзты æвдисæн тутабæлас мæнæн та мæ æрвылазон ахсто- нуат уьгди. Йæ цъупмæ хæстæг-иу арæзтон: м*' ахстон, уагътон дзьг лæппынтæ. Хæринаг цух мæ рикуьг уагътат æмæ нæ* тыхстæн, мæ ахстон, мæ хъæбултæ мьгн иудадзыгдæр хъахъхъæдтат фыдбылызæй. Дæу æмæ Залиханау æнувьгд уыдтæн æз дæр> 5'ьгцьг тутабæласыл. Ныр де ’фсьгмæр бавдæлд æмæ йæ йæ усы ардыдæй бындзарыл акалд- та, базæронд, дам, нал, дам, бæззы æмæ, дам, уæгъдьг бвшат.ахсы. Фьгньг хабар хъалæй дæр мæ зæрдæйы баззади,. мæ хъусты гуыр- гуьгр кодтой сауцъиуы ныхæстæ. Куьг нал фæрæзтогг,. уæд’ мæхи арæвдз кодтон æмæ ацыдтæн хъæумæ.. Хъвггагæн',. мæ фьш раст ра- уад. Нæ тутабæласæн ма йæ бьшдзæфхад зьшд æрмæстдæр». Мæ зæрдæ ба}^азал æмæ ма йьгл, фæлдæхæгау мæхи æруагътон.. Дзьгцца мæ уьгцьг 2 Тъехты В. 17
хуызæнæй куы ауыдта, уæд йæхимæ фæлæбзфдта, стæй ныхъæр кодта сыхбæстæм: «Баххуыс мын кæнут! Мæ хæдзар хæлы!» Æрæджиау мæ мады узæлæнтæй куы æрчъицыдтон, уæд исдуг мæхимæ рамæсты дæн, афтæ тæнзæрдæ кæй разындтæн, уый тых- хæй, стæй мæхиуыл схæцыдтæн æмæ мæ мадыл мæхи баппæрстон. — Дæхиуыл фæхæц, мæ хъæбул! Лæг дæ æмæ лæг хъуамæ фи- дардæр уа! Бæргæ йæ зыдтон, ацы зæронд бæласмæ дын цы зæр- дæйы уаг уыдис, уый æмæ йæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнгæ дæр кодтон. Йæ фыццаг рæгъæд гагатæй-иу Залиханы ном ссардтон. Уæды онг-иу æм никæй уагътон, фæлæ... уый де ’фсымæры усмæ цыдæр хардзау касх. Уыцы бон мæрддзыгой ауадтæн æмæ... Цард фæлтæр- гай у, мæ хъæбул, зæрæдтæ ацæуынц æмæ сын сæ бынат суинæгтæ бацахсынц. — Уæртæ уым иу тала ис æмæ йын уый ныссадз дæхи къухтæй йæ бынаты. Æз æм зилдзынæн, Залиханы номыл æй схъо- мыл кæндзынæн! — Мад мыл ысхæцыд æмæ мæ нæ хæдзары уæллаг тигъмæ скодта тутайы таламæ. Уыцы тала абон у тыллæгдæттæг, фæлæ мæхæдæг хæдуд-хæдха- лæй баззадтæн, мæ уарзаг зæрдæ мæ Залиханы фæлгонцы иувæрсты ахизын нæ бауагъта. Нæ къуыбырсы уæнгуытæ Уæд мыл цыдаид иу-авд азы. Иубон куы }пыди, уæд базыдтон, рай- сом мæ фыд хъæдмæ кæй цæудзæни суг ласынмæ. Цæугæ та кæндзæни нæ уæнгуытыл, нырма æрæджы кæй сифтыгътам, уыцы къуыбырсы уæнгуытыл. Мæн тынг æрфæндыд, фыд мæ йемæ куы акодтаид — мæхи цæстæй куы кастаин, нæ уæнгуытæ æфсондзы куыд цæуынц, уымæ. Бирæ фæлæгъстæ кодтон мæ фыдæн, нæ йæ ныууагътон, цалынмæ сразы и, уæдмæ. Бонмæ ма бирæ уыд, уæд мæ райхъал кодта мæ фыд. Æз фырци- нæй рагæпп кодтон мæ хуыссæнæй, мæ дзаумæттæ акодтон, мæхи ахсадтон, сбадтыстæм уæрдоны мæ фыдимæ æмæ араст стæм нæ фæндагыл. Земехъуры хъæдмæ куы схæццæ стæм, уæд хур дæр йæ цæст сдард- та. Ныррухс бæстæ, æмæ кавказы хæхты бынæй куы акастæн нæ чы- сыл хъæумæ, уæд мыл цымыдис бафтыди. Мæ фыды афарстон: — Далæ уый нæ хъæу у — Хъарапина? — О, мæ хъæбз’л. Æмæ мæ цæмæн фæрсыс афтæ цымыдисæй? — Гъомæ куыд рæсугъд у, куыд! Чысыл къуыппыл — чысыл тым- был хъæу! Гуырдзиаг хъæуты бæрзонд дыууæуæладзыгон хæдзæрттæ схъæлæй лæууынц, фæлæ сæ иу бæлас дæр нæ зыны. Нæ хъæуы та ныллæг хæдзæрттæ бæрзонд бæлæсты ’хсæнæй рæстмæ зынгæ дæр нæ кæнынц, фæлæ уæддæр дардмæ цæхæртæ калынц. Хуры тынтæ бæлæсты сыфтыл худынц æмæ хъазынц. — Афтæ, мæ хъæбул, раст зæгъыс. Нæ хъæу дардмæ æцæгæй 18
рæсугъд зыны, фæлæ гуырдзы нæ хъæу дæр, не ’взаг дæр, нæ адæмы дæр нæ нымайынц. — Æмæ цæмæн афтæ у? — афарстон та йæ æз. — Уымæн æмæ гуырдзиæгтæ исбонæй куыд хъæздыг сты, афтæ удæй та мæгуыр сты. Ирæттæ та кæд исбонæй мæгуырдæр сты, уæд удыхъæдæй та хъæздыгдæр сты. Гуырдзийæгтæн сæ фыдæлтæй стыр зæххы хæйттæ баззад, дыууæуæладзыгон чъырын хæдзæрттæ, хъал цард кæнынц æмæ бынмæ кæсынц ирæттæм. — Æмæ ирæттæ фылдæр куы кусынц, уæд цæмæн мæгуырдæр цæрынц? — Уымын æмæ, тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы. Ирæттæ ардæм лидзгæ æркодтой Хуссар Ирæй, сæ бон нæ уыд стыр зæххы хæйттæ балхæнын. Æрцардысты уыцы къуыппыл, йæ алыварс уыцы æнæба- ры зæххы гæбæзтæ балхæдтой, кусынц сæ, æмæ цæрынц мæгуырæй, фæлæ адджынæй. Æз мæхи нал баурæдтон æмæ хъæрæй бафарстон: — Æмæ куыд хуыздæр у? Бонджын æмæ зыдæй цæрын, æви мæ- гуыр æмæ адджынæй? — Нырма сывæллон дæ, Иртаг, æмæ йæ нæ бамбардзынæ, фæлæ иу хъуыддаг дæ зæрдыл дар: Рæстагæй цæрынæй хуыздæр ницы ис а зæххыл. Дзургæ-дзурын хъæды арф бацыдыстæм. Фыд уæнгуыты æр- урæдта, æрхызти уæрдонæй, суæгъд сæ кодта æфсондзæй æмæ сæ ауагъта, цъæх кæрдæгыл хизынмæ. Æз уæрдоны бадын æмæ кæсын, уæнгуытæ зыдæй куыд æмпулынц хуылыдз цъæх кæрдæг, уымæ. Æмæ мæнмæ дæр хæрын æрцыд — мæ комыдæттæ рауадысты. Уалынмæ фыд райста уæрдонæй хызын, бæласы бын иу стыр тъæпæн дурыл айтыгъта гæххæтт. Систа хызынæй дзул, цыхт, цæхх, нурытæ, æрæ- вæрдта сæ гæххæттыл, хызын бæласыл æрцауыгъта æмæ мæм дзуры: — Рацу, мах дæр къæбæр ахæрæм æмæ нæ куыст кæнæм. Хордтам, фæлæ хатыдтон — цыхт æгæр цæхджын уыдис æмæ уайтагъд сдойны дæн. Фыдæн загътон. Уый æриста бæласæй хызын, ныккаст æм æмæ мæм æнкъардæй æрбакаст. Стæй сдзырдта: — Нæ дон баззад. Æз тынг стыхстæн æнæ донæй, уый бамбæрста æмæ та загъта: — Ма тæрс, хъæбул, æз ам хæстæг зонын дон, уырдæм ацæудзыс- тæм æмæ уым баназдзыстæм. Мах ацыдыстæм. Фыд цы суадон зыдта, уый хус разынд. Æмæ уæд райдыдтам æрфыты дон агурын. Абон дæр ма хорз хъуыды кæ- нын, мæ хъуыр куыд ныссур æмæ куыд фæцæймардтæн. Мæ бон цæуын куынæуал уыд, уæд мæ фыд йе’ккоймæ систа æмæ хъæды хъæрæй додойгæнгæ рацу-бацу кодта. Æрæджиау иу бæласы бын чысыл дзыхъгонды дон ссардтам, змæст уыди, фæлæ дзы нæхи ах- садтам, нуазгæ дæр дзы акодтам æмæ чысыл’не ’муд æрцыдыстæм. Фæстæмæ ’рыздæхтыстæм, нæ уæрдон кæм уыд, уырдæм, агу- рæм æмæ уæнгуытæ — нал. Фыд йæхи иуæрдæм фехсы, иннæрдæм фехсы — никуы ’мæ ницы. 19
Æрæджиау уæззау улæфгæ иу бæласы ’нцой балæууыд мæ фыд. Æз æм куы бакастæн, уæд ын йæ цæстытæй фæтарстæн. Цыдæр æррайы хуызæн мæм фæкаст æмæ хъæрæй ныккуыдтон. Уый мын йæ рахиз къух ме ’уæхскыл æрывæрдта æмæ дз}фы: — Аку, аку, мæ хъæбул, æмæ дын фенцондæр уа. Æрмæст дæ зæрдæмæ маст ма бахæсс. Мæхи аххос у — цæмæн ферох кодтон дон рахæссын. Нæ уæнгуыты нын чи атардта, уымæн æй Хуыцау нæ ныббардзæн. Ды та йæ абонæй фæстæмæ зон: искуыдæм-иу балцы куы цæуай, уæд иу бон раздæр дæхи сцæттæ кæн. Уый фæстæ фыд йæ фæрæт йе уæхскыл сæвæрдта æмæ араст. Æз — йæ фæдыл, мæ тымбыл къухæй мæ донбадт цæстытæ æууæрстон, афтæмæй. Цас фæцыдыстæм нæ йæ хъуыды кæнын, фæлæ мæм иуафон фыд разылд, рагуыбыр и ме ’рдæм æмæ мæм дзуры: — Нæхимæ нæ фæхæццæ уыдзыстæм, афтæмæй, фæлæ дæлæ Ги- быцотыл ацæуæм. Улæфгæ дæр акæндзыстæм, дон дæр баназдзыс- тæм, стæй ацæз’дзыстæм. Гибыцомæ бæх и æмæ йын кæд бынат уа, уæд ууыл ныууайдзыстæм нæхимæ, стæй йын æй райсом сæрвитдзыс- тæм искæмæн. Æз æм ницы сдзырдтон, æниу мæ куы бафæндыдаид исты сдзу- рын, уæддæр мæ бон нæ бауыдаид. Фæлæ хъуыды кодтон, Гибыцотæ нын цы бавæййаг уыдысты, ууыл. Бирæ йыл куы фæхъуыды кодтон, уæд мæм афтæ зынын райдыдта, цыма Гибыцо мæ фыды хистæр æфсымæр Тъотъайы сиахс у, йæ чызджы лæг. Арæх цæуаг нæм нæ уыди, æмæ йæ дзæбæх уымæн нæ зыдтон. Хъæуы бын нукыл цы суадон уайы, уымæ бахæццæ стæм. Фыццаг æз банызтон, стæй — фыд. Уалынмæ суадоны æдде цы арф цъыхыры уыд, уырдыгæй цыдæр хъæрæй ныхас райхъуыст. Фыд сæм хъуыста, хъуыста, стæй загъта: — Дæ мæрдтыстæн, уый Тедо æмæ Дата куы сты, уæд цæуыл дзурой, стæй кæимæ дзурой? Дзургæ-дзурын мæнмæ раздæхт. — Ды афтæ фæлæуу, æз сæм искуыцæй бакæсон. Уый фæстæ суадоны цыхцырæгмæ йæ былтæ бахаста æмæ дзы бирæ фæнуæзта, нуæзт куы фæци, уæд раст слæууыд æмæ йæ дыс- тæй йæ былтæ сæрфгæ бараст и цъыхырытæм. Æз лæууыдтæн цыхцырæджы раз. Нуæзтон æмæ нуæзтон уыцы уазал дон. Уæдæй адджындæр дон, æвæццæгæн, мæ хъуыры никуы ацыди мæ цæргæ-цæрæнбонты. Чысыл фæстæдæр цъыхырытæй райхъз’ыст хъæрæй ныхас, ны- хас уайтагъд рахызт æлгъитынмæ, æлгъыстой гуырдзиагау, се ’ппæ- тæй тынгдæр æлгъыста мæ фыд. Æз старстæн мæ фыдæн, мæ зæрды уыди цъыхырыты балæгæрдын, фæлæ мæ ныфс нæ бахастон. Уалынмæ ауыдтон нæ дыууæ уæныджы, нæ къуыбырсы уæнгуыты — æрбалæгæрдынц цъыхырыты, сæ фæдыл, йæ иу къухы фæрæт, ин-" нæйы иу стыр хъил, афтæмæй цæуы мæ фыд. Мæнæн мæ цинæн кæрон нал уыди. — Нæ уæнгуытæ! — тынг ныхъхъæр кодтон æмæ сæ размæ мæхи аппæрстон фыд æмæ уæнгуытæн. 20
— Куыдзы фырттæ! — фæстæмæ фæкасти фыд, схæцыдысты мын базар кæныныл! — сæ размæ кз’ы бахæццæ дæн, уæд хъæрæй загъта фыд. Æз ын йæ мæсты цæсгоммæ кæсгæйæ баззадтæн. Уый йæ къухы цы хъил уыд, уый бæрзонд фелвæста æмæ ныууынæргъыдта: — Абырджытæ! Æндæр дзурын нал сфæрæзта. Æз æм æнкъардæй кастæн. Уый иу-дзæвгар ницуал загъта, стæй арф ныуулæфыд, схуыфыди. — Адæмы къæхты бын æрцæуæд уæ мæлæт, уый уын, гъе! Ратар- дтой нын мæ уæнгуытæ, ныр сæ хъуамæ ныууæй кодтаиккой æмæ æхца сæ дзыппыты нытътыстаиккой. — Чи? — кæуындзастæй уæлæмæ кастæн, афтæмæй бафарстон æз. Фыд мæм ницы дзырдта æмæ æз афтæ фенхъæлдтон, нæ йæ фæн- ды, чи уыдысты, уый дзурын. — Ацы хъæуккæгтæ Тедо æмæ Дато. Уæд искæй фæллой бахæсс æмæ йæ дæ бинонтæн бахæрын кæн! Тайгæ та сын куыд хъуамæ бакæна! Фыд уыцы ныхæсты фæстæ ныссабыр, æз дæр æй ницæмæйуал бафарстон. Æмæ æрсабыр стæм. Сабыр лæууыдысты нæ дзæбæх, нæ рæсзтъд къуыбырсы гажæ дæр. Æмæ суадоны цыхцырæгæй дон куыд тахт æмæ бынæй хуыртыл куыд пырх кодта, уът хъæр дзæбæх хъуыст. Уыцы дард бонтæ Иу сæрдыгон райсом нæ тутабæласы бын æнкъардæй бадын. Мæ гуыбын æххормагæй хъуыр-хъуыр кæны. Знонæй нырмæ ницыма ба- хордтон. Мæ мады уайдзæфтæ мæм раст кæсынц мæ фыды тыххæй. Бон-изæрмæ колхозы хъуыддæгтыл бахъæуы æмæ нæхи хæдзары хъз^ыддæгтæ афоныл никзпы бакæны. Æмæ заууатмæ æрцыди нæ хæдзар. Нæ къз’ымы иу ссады тæпп нал ис, нæ кæрты — иу сз’джы къæцæл. Мæ хистæр æфсымæр Гиго æмæ мæ кæстæр æфсымæр Асланы знон мæ мады хо Аленæ сæхимæ акодта. Мæн Гыцци нæ ауагъта. Ныр уыдон афонмæ уым алыхуызон дзæбæх хæринæгтæ ’фсæстæй сывæллæттимæ хъазынц, æз та ам æххормагæй бадын. Уыцы хъуы- дытæ куы кодтон, афтæ уалæ нæ тутабæласы цонгыл цъиуы ахстонмæ фæкомкоммæ дæн. Ахстон мæм тынг рæсугъд фæкаст, стæй ахæм бынаты арæзт уыдис, æмæ йæм нæдæр хур каст, нæдæр ыл уарын цыд. Кастæн цъиуы ахстонмæ æмæ дис кодтон, адæм цъиуы æнæ- зонд цæмæн æнхъæлынц? Исчи исты куы фæрæдийы, уæд æй «цъиу- сæр» цæмæн рахонынц? Мадæл цъиу искуы хæринаг куы ссары, уæд дзы йæхæдæг нæма ахæры, афтæмæй фæдисы хъæр сисы, цалынмæ йæ дзибатæ не ’рæмбырд вæййынц уæдмæ. Стæй иумæ фæминас кæнынц адджынæй. Минас куы фæвæййынц, уæд та сæ дзыхты хæйттæ ахæссынц, ахстæтты ма цы рынчын цъиутæ æмæ æнахъом лæппынтæ баззад, уыдонæн. Ацы хабæрттæ æз мæхи цæстæй цалдæр хатты федтон, æмæ мæ нæ уырныдта, цъиу æнæзонд у, уый. Уалынмæ уалæ ахстонæй æртæ 21
лæппыны сæ сæртæ радардтой, æмæ сын сæ мад сæ дзыхты радыгай йæ дзыхæй хæринаг тъыссы. Цымæ ма дунейы зæххыл искуы æндæр ахæм рæсугъд ныв фендæуыдзæни! Мæнæн нæ мад мæ зæрдыл æрбалæууыд. Уæд мах дæр нырма æртæ лæппуйы йеддæмæ нæ уыдыстæм æмæ-иу нæ мадæн уазæгуаты исчи исты адджинæгтæ куы авæрдта, уæд-иу сæ йæ куатæйы дзыппы дардта, цалынмæ-иу сæ махæн нæ ахæрын кодта, уæдмæ. Иуахæмы мæ хъустыл кæйдæр къæхтыхъæр æрцыдис. Фæкас- тæн æмæ уынын: мæ фыд йæ разæй æрбаскъæры нæ галты — бæр- зонд, æлвæст, стыр къæлæт сыкъатæ сæ рæсугъд хъоппæг цæстыты сæрмæ, сæ ныхтæ — хæрз урс-урсид, сæхæдæг — сау. Галтæ нæхи хъу- джы рæуæдтæ уыдысты, æмæ сæ бирæ уарзтам æгас бинонтæй дæр. Мæ фыдæн галты æрцæвын йæ цæст нæ уарзта, фæлæ иу сын ехс ныкъкъæрц кодта сæ сæрмæ. Æз нæ галты куы ауыдтон, уæд мæ ме ’ххормаг айрох æмæ азгъордтон мæ фыды размæ. Мæ фыд хорз зыд- та, «нæ» йьщ нæ зæгъдзынæн, фæлæ мæ уæддæр афарста: — Иртаг! Куыроймæ цæуыс мемæ? Æз мæхицæй лæг ацарæзтон æмæ йын æцæг лæджы дзуапп радтон: — Цæуын, цæуын! Уæдæ куыд? Æнæхъæн хъæуы ’ссинæгты сæ- вæрын нæ хъæуы! Мæн мæ мад нæ уагъта, фæлæ мæхи фæнд атардтон æмæ фыдимæ галты нæ разæй аскъæрдтам нæ сыхаг хъæу Сæлбинармæ. Æз иу фæн- дагыл галтæй куы иуы рагъмæ сбырыдтæн, куы — иннæйы. Галтæ мæ- ныл ахуыр уыдысты, кæрдæг сын бирæ фæтыдтон æмæ сын бирæ фæ- хæрын кодтон цъæх кæрдæг. Æввахс иу сæ кæмæ балыгъдтæн, уый-иу йæ сæр æргуыбыр кодта, æз-иу ын йæ сыкъатæ ацахстон æмæ-иу йе рагъмæ сбырыдтæн. Фæстæмæ-иу куы хызтæн, уæддæр та — афтæ. «Хэви-дон» æй (афтæ хуыдтам, хъæуы астæуты цы чысыл дон цыд, уый) куы ахызтыстæм, уæд галтæ «Къоди-дон»-ы (афтæ та нуазгæ кæ- мæй кодтам, уыцы дон хуыдтам) раз цы цад уыдис, уыцырдæм сæ ных сарæзтой. Æрлæууыдысты цады раз, зыны сыл, дойны сын у, уый, фæлæ нуазгæ нæ кæнынц. Ме ’рдæм ракæсынц æмæ та бауасынц. Мæнмæ афтæ фæзынд, цыма мæнмæ дзурынц: ды уал бануаз. Мæнæн æххормагæй дойны нæ уыдис, фæлæ дзы галты хатырæй анызтон, цадмæ кæцæй калдис дон, уыцы хæтæлы дзыхæй. Галтæ мæ куы федтой нуазгæ, уæд уыдон.бирæ фæхъуыррытт-хъуыррытт кодтой зæрдиагæй цадæй æмæ тд нæ фæндаг акодтам дарддæр, Сæлбинары цардис иу расыггæнаг æмæ хылкъахаг лæг. Йæ фæс- номыг уыди Гуымыр. Æмæ йæ иууылдæр афтæ хуыдтой. Колхозы уæрдон уый хæдзары раз уыдис — мах ыл хъуамæ уым сифтыгъдтаиккам галты æмæ к5^ыроймæ ссинаг аластаиккам. Гуы-. мыр сæ тыргъы нæ хъæуккаг лæг Амырханимæ арахъ ныуæзтой. Мæ фыды куыддæр ауыдта Гуымыр, афтæ йæ хъæр фæцыд: — Хадо! Ардæм, ардæм, Хадо! Мæ фыд йæ хуыз аныхъуырдта, афтæмæй й)ын балæгъстæ кодта: • — Ацы хатт мæ мæнæ сывæллоны хатырæй дзæбæхæй ауадз. Нæ хæдзары хæринаг ницыуал ис æмæ куыроймæ хъуамæ ссинаг аласæм. 22
Гуымыр фæгæпп кодта йæ бынатæй, цудтытæгæнгæ бацыд Ха- дойы цурмæ, йæ хæдоны тæрттыл ын ныххæцыд æмæ йæ тыхласæ- гау акодта. Тыргъы йæ Амырханы фарсмæ æрбадын кодта тыххæй. Æз з’ынджы баззадтæн талтимæ. Галтæ-иу к}'ы бафæлладысты, уæд-иу мын сæ иу иуырдæм алыгъд, иннæ та — иннæрдæм. Æрбас- къæрдтон иу сæ куыддæртæй æмæ та-иу æнхъæлмæ кастæн. Тынг тæвд бон уыдис, æмæ карчы лæппын йæ уд куыд иса, афтæ фыртыхст æмæ фырмæстæй мæ хъуыры бын тæпп-тæпп кодта. Мæ цæстысыг мæ рустыл лæсæнтæй цыд. Иу зæронд ус мæм æрбауад, дзуры мæм: — Ам дæхи удхарæй цæмæн марыс, мæнæ лæппу?! Дæ фыд арды- гæй йæхи къахæй нал ацæудзæн, уый зон — ласинаг фæз^ыдзæн. Ласгæ мард фæуа уыцы Гуымырæн йæ лопъо сæр рæхджы бонты! Æз мæ цæстысыгтæ мæ къухтæй асæрфтон æмæ бахъуыр-хъз’ыр кодтон: — Омæ галтæ кæмæн ныууадзон? Уæд та сæ исчи адавта! — Дæ тæригъæдæй хæйрæджыты хай фæуæнт лæгтæ дæр æмæ галтæ дæр! Уый сын мæ хуыздæр арфæ. Зæронд ус мын мæ цонгыл ныххæцыд, афтæмæй бацыдыстæм лæгты цурмæ. Амырхан ма цыдæртæ æууылдта. Гуымыр æмæ Хадо зæххыл хуыр-хуыр кодтой. Амырхан æнæ уый дæр æвзонгдæр уыдис, стæй-иу нозтæй дæр йæхи фæсайдта, йæхи тыхджын никуы срасыг кодта. Ныр зæронд усæн ныфс бавæрдта, Хадо, дам, гыццыл афы- нæй кæна, стæй, дам, æй æз уæрдоны аласдзынæн. Кæннæуæд, дам, æй афтæ расыгæй йсчи куы фена — хицау лæджы! Йæ куыстæй, дам, æй фæсзфдзысты. Мæн дæр рарвыста нæхимæ Амырхан. Уый фæстæ сифтыгъта Амырхан галты уæрдоны. Стæй Хадойы уæрдоны уæлгоммæ адæргъ кодта, æмæ йæ быдырмæ аласта. Уæрдон хурмæ баурæдта быдыры астæу, галты суагъта. Йæхæдæг бæлæсты бын изæрмæ йæхицæн хос фæкарста, галтæ та бæлæсты бын аууæтты хизгæ кодтой. Уьщы хабæртгæ нын, уым чи уыд Амырханæн йемæ уыцы лæппу — Зинкъуыр ф&кодта. Уый фæстæ базыдтам ноджыдæр арахъыл Амыр- хан фынæйы хос кæй ныккодта. Изæры Амырхан Хадойы куы ’рбаласта, уæд Хадойы ничиуал базыдта. Къогъоты æмæ дзынгаты хæстытæй афтæ ныррæсыд, æмæ йæ цæстытæ æппындæр нал зындысты. Йæ улæфт нал хъуыст. Æгас у, æви — мард, уый бæрæг нал уыд. Йæ буар ын хур афтæ басыгъта æмæ æрдæгфых физонæгау йæ пиллон калди. Æз ма кæд гыццыл лæппу уыдтæн, уæддæр хорз бамбæрстон, Амырхан мæ фыдæн фыддæрадæн митæ кæй бакодта, уый. Мæн фæндыдис мæ фыды маст райсын, æмæ, мæ фыдæн мæ фæнд куы загътон, уæд мæм уый афтæ дзурьп — Æз мæ сæрмæ нйкуьг ’рхастон искæмæн æвзæры бацæуын, цæсты гагуыйау хъахъхъæдтон ирон лæджы цæсгом æмæ мæхи хызтон ны- уæзтæй дæр æмæ Амырханы хуызæттæй дæр, фæлæ мæ уæддæр фæрæдийын кодтой уыцы абырджытæ. Ды та, мæ хъæбул,. æвзæр- дзинад искæмæн саразай, ^^ГЬ1Л хъуыды дæр макуы акæн, дæхи хъахъ- 23
хъæн æмæ мæназ’ дæ сæрыл рæдыд макуы æрз’адз. Фыдмитæ чи кæны, уыдон та цы тауынц, уый искуы æркæрддзысты. РГу-цалдæр боны фæстæ, иу сихорафон мæ фыд къæбæр куы хорд- та, уæд нæ кæртæй фæцыд сылгоймаджы хъæр. Хадо дуармæ к}>ы рауад, }^æд йæ размæ фæцис Амырханы биной- наг Дуду. Кæуы, æрдиаг кæны. — Дысон та уыцы дыуз’æ æвзæры куы ныллæцъирдтой, уæд сын хылмæ ацыди, стæй уьщы йæ тз’джытулинаг кардæй ныццавта махо- ны. Æмæ уартæ йæ туджы мæцы. — Дохтырмæ нæ адзырдтай?! — Дохтыр горæтмæ ацыди, хæдзары нæй, фæлæ йæ мах уæрдоны сæвæрдтам. Стæй æз дæумæ разгъордтон, кæд æй рынчындонмæ фæхæццæ кæнис. Бæргæ дын адджын нæу сæ иу дæр, фæлæ адæй- маг иуæй-иу-хатт сырдæн дæр фæтæригъæд кæны. Хадо ме ’рдæм æрбакаст æмæ азгъордтам Амырхантæм. Куы ба- хæццæ стæм, уæд Хадо ронæй йæ цæфы сæрмæ тыхджын нылхъывта Амырханы цонг æмæ йæ тз’джы цыд æрлæз’уыд. Хадо абадт уæрдоны разæй, мæн дæр йæ фарсмæ ’рбадын кодта æмæ аластам рынчыны рынчындонмæ. Сылгоймæгтæй мæ фыд никæй рауагъта немæ. Амырхан Хадойы хз’рмæ кæм фæдардта, уырдæм куы ахæццæ стæм, уæд æз мæ фыдæн барæй йæ хъз’сы дзурын: — Цæй-ма мах дæр æй уартæ быдыры астæу изæрмæ хурмæ фæ- дарæм, стæй йæ аласдзыстæм сæ хæдзармæ. Фыд мæм æрбакаст æмæ, зæрдиагæй нæ дзурын, уый куы базыд- та, уæд йæ мидбылты бахудт. Дзургæ мæм ницы скодта. Цалынмæ Амырхан рынчындонæй цыд, уæдмæ Гуымыры æрцахс- той. Нæ хьуджы цæссыгтæ Æртиссæдз азæй фылдæр рацыди, уæдæй, фæлæ абон дæр мæ цæстытыл уайынц нæ хъулон хъз’джы ставд цæстысыгтæ. Ноджы мæм афтæ кæсы, цыма уый тæригъæдæй фенамонд дæн. 65 азы мыл сæх- хæст, уæддæр иунæгæй цæрын. Мæ ивгъуыд царды ницы цин фед- тон, æхсæвæй-бонæй фыдæбон фæкодтон. Уæдæ мæм разæй дæр цы кæсы — марадз æмæ йæ базон! Ныр уын нæ хъ}'джы раз, цы тæригъæдджын дæн, уый радзурон. Чысыл ма з’ыдтæн, хæрз чысыл. Æхсæз азы дæр мыл нæма цыд. Иу бон дын, нæ кæрты астæу цы Т}нга6æлас уыд, уый бын мæхицæн иунæгæй хъазын. Мæ мад æрхæй дон дыууæ стыр бедрайы схаста. Хæрды бафæл- лад, æмæ йæ бедратæ бæласы бьщ æрæвæрдта. Йæхæдæг скъæты ’рдæм фæкомкоммæ æмæ фæхъæр кодта: — Цу-ма, дæ фæхъхъау фæуон, з’æлæ хъуджы асур! Æз фæкастæн, мад мын кæдæм амыдта, уьщырдæм, æмæ федтон: 24
Нæ хъуг не скъæты сæр лæууы. Не скъæтæн йæ фæстаг къул, йæ фæстæ цы обау уыд, уыимæ баиу и, æмæ хъуг ууылты æрбахызт скъæты сæрмæ. Скъæтæн йæ сæр æмбæрзт нæма уыди уырдыгæй, æмæ, зæронд фæйнæджыты ’хсæн цы зыхъхъыр уыд, 5'ым, йæ сæр батъыста æмæ, нæ хæдзары тыргъы з’æладзæнтыл цы нартхоры хъæд- ты бæстытæ амад уыд, уыдонмæ бавнал-бавнал кæны. Мæнæн æхсызгон нæ уыдысты мæ мады ныхæстæ, нæ мæ фæн- дыди мæ хъазт фæуадзын. Уæддæр хъил фелвæстон, азгъордтон æмæ хъилæй нæ хъуджы систæн и)' сæргъæвтон. Хъуг фæтарсти, мидæмæ багæпп кодта æмæ бынмæ аирвæзт. Уæладзæны цы къæдз æфсæйнаг ауындзæн уыди къуырд, уый йæ тæнты баныхст æмæ æрцауындзæг уæлдæфы. Цалынмæ мæ мады богъ-богъмæ æмæ мæ хъæрмæ хъæуы адæм æмбырд кодтой, уæдмæ хъугæн йæ тъæпп зæххыл фæцыди. Йе скъуыд тæнæй туг лæсæнтæ кæны. Йæ иу къах дæр асаст, æмæ йæ астæуыс- тæг дæр. Йæ сæр фæстæмæ аппæрста, богъ-богъ кæны уыцы æнкъар- дæй адæймаджы богъ-богъы хуызæн æмæ ставд цæссыг калы. Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма мæнæн уайдзæф кæны йæ богъ-богъæй. «Цы дын кодтон? Цæуыл мæ мардтай? Æз дæ мады хаст куы фæкодтон ме ’хсыры хуыппæй...» Мæ фыдæн хъæуы лæгтæ дæр 6ахх}'ыс кодтой æмæ хъугæн йæ быны бирæ фæлмæн холлаг бакодтой. Æз мæ гобан нæ фæрæзтон, фæлæ йæ зæххыл куыддæртæй атеу-теу кодтон æмæ йæ, цалынмæ хъ^’джы бын бакодтой, уæдмæ мæ кæуынæй нæ банцадтæн. Хъугæн йæ хъæдгæмттæ карз арахъхъæй ныхсадтой, сыгъдæг хæцъилæй йын сæ куыддæрты фæбæстытæ кодтой, æмæ-иу чысыл йæ хъæрзынæй фенцади. Куы ’ризæри, уæд æз мæ хъæццул рахастон æмæ дзы хъуджы бамбæрзтон. Йæ сæрыл ын мæ чысыл къух куы ’руагътон, уæд хъуг зæрдæбынæй ныуулæфыд, æмæ та йæ цæстысыгтæ æркалдысты. Æз дæр та хъæрæй ныккуыдтон. Иу-цалдæр боны нæдæр хъуг бафынæй, нæдæр — æз. Хъуг куыд хъæрзыдта æмæ куыдта, æз дæр — афтæ. Æз-иу алы бон дæр кæрдæг æртыдтон æмæ йæ хъугæн хæрын кодтон. Раздæр-иу æртæ боны мæм, æвæццæгæн, тæргай уыд. Мæ къухæй нæ хордта. Æз-иу ын йæ хъу- сы ныхæстæ кодтон: æз, зæгьын, афтæ æнхъæлдтон, обауырдæм алидз- дзынæ, ды та иннæрдæм фæдæ. Гъеныр обауырдæм куы алыгъдаис, уæд уыцы æфсæйнаг ауындзæн дæ тæнты не суадаид, æмæ ды дæр дзæбæх уаис æмæ æз дæр. Хъуг, æвæццæгæн, бамбæрста æз тых- джын кæй маст кодтон, мæ хъуыры къæбæр кæй нал хызт, уът} æмæ мын уæд фæтæригъæд кодта: мæ къухæй хæрын райдыдта. Мæнæн та мæ цинæн кæрон нал уыд. Дон дæр-иу ын бадардтон, доныл ма-иу сусæгæй сæкæр дæр акодтон. Хъугæн йæ хъæдгæмттæ байгас сты. Иæ къахыстæг дæр байгас, фæлæ сыстын йæ бон нæ уыд. Йæ астæу бынмæ къæдзæй баззад. Æвæццæгæн астæ^^ыстæг нал гас кодта. Адæм мæ фыдæн дзырдтой, цæмæй хъуджы аргæвда, æмæ йæ фыдæбонæй фервæза хъуг ,фæлæ мæ-фыд-нæ разы кодта. Хъуг нывонды хуызæн уыд. Алы аз дæр зади нæл рæуæд æмæ- 25
иу ын Джеоргуыбайы размæ галæргæвдæн хуыцаубоны аргæвстам йæ рæуæд Хуыцауы номыл æмæ-иу стыр куывд скодтам. Æрхуыд- там-иу авд хъæуы лæгты иууылдæр. Иу райсом раджы мæм хъуысы мæ фыды хъæр: — Иртаг!. Ардæм ма рауай, тагъд ма рауай ардæм! Фыды хъæрмæ иууылдæр фехъал стæм, хæдзары бинонтæ æмæ тыргъмæ ракалдыстæм... Кæсæм æмæ уынæм: Нæ хъуг тыргъы йæ цыппар къахыл лæ}>уы, йæ къæдзил батилы, æмæ махырдæм хъæлдзæгæй йæ хъоппæг цæстытæй кæсы. Æз балыгътæн, хъугæн йæ хъуырыл æрцауындзæг дæн æмæ йын йæ рустæн зæрдиагæй батæ кæнын. Хъуг дæр мын гуымгуымгæнгæ мæ рустæ сдæры æмæ нæ дыууæйæн дæр нæ цæссыг згъоры. Махмæ кæсгæйæ хæдзары бинонтæ иууылдæр хъæрæй скуыдтой. Нæ кæуынмæ, не змæлдмæ хъæу æрæмбырд сты, æмæ нын нæ хъугыл фæцин кодтой. Нæ хъуг хъæуы хъомимæ хизынмæ дæр райдыдта цæуын, фæлæ йæ астæу бынмæ къæдзæй баззад. Æнæуый та къуылых фæци... Афтæ нæ хъуг сдзæбæх и, фæлæ мæнæн мæ зæрдæйы хъæдгом нал байгас, æмæ ’гомыг фосы хъилæй нæ, фæлæ мæ армытъæпæнæй дæр никуал æрцавтон. Надарбазы цад Цыппæрæм къласмæ куы цыдтæн, уæд нын иу уалдзыгон бон ахуыргæнæг загъта: — Сывæллæттæ! Иу-цалдæр боны фæстæ цæудзыстæм «Надарба- зы цад» уынынмæ, æмæ хъуамæ нæхи хорз бацæттæ кæнæм. Цалдæр боны нæ ахуыргæнджытæ æцæг хорз бацæттæ кодтой. Сахуыр кодтам зарджытæ, æмдзæвгæтæ, кæфтытæ. Иу хуыцаубон райсом, авд хъæуы сывæллæттæ, алкæмæн йæ дзæкъул йе ’ккой, афтæмæй сæмбырд стæм Къодисцкъаройы скъо- лайы кæртмæ. Директор нæ хистæрæй кæстæрмæ æртæ рæгъы слæ- ууын кодта, не ’ппæты разæй чи хъуамæ цыдаид, стæй не ’ппæты фæс- те, уыдонæн сæ дыууæмæ дæр сырх тырысатæ радта. Фæндыр æмæ гуымсæг цæгъдæджы разæй, тырысахæссæджы фæстæ æрлæууын код- та. Йæхæдæг сæрæй нæ галиу фарс слæууыд, йæ фæдыл ахуыргæн- джытæ, сывæллæтты хиуæттæй чидæртæ — иу рæнхъыл схал сты. Директор ныхъхъæр кбдта: — Размæ! Æмæ араст стæм, цыдыстæм, цыдыстæм æмæ быдырмæ ныххæццæ стæм. Æмæ та нæм хъз’ысы директоры хъæр: — Бынаты къахист! Мах размæ нал цæуæм, фæлæ нæ мидбынаты нæ къæхтæ афтæ тъæпп кæнæм, æмæ быдыры кусджыты онг айхъ}'ыст. Уыдон сæ куыст фæуагътой, сæ сæртæ фæзылдтой æмæ нæм джихæй кæсынц. 26
Директор та ныхъхъæр кодта: — Заргæ! Мах куысты хъайтартыл цы зарæг сахуыр кодтам, уый куы ныз- зарыдыстæм, уæд нын быдыры кусджытæ бирæ фемдзæгъд кодтой. Æмæ та дын райхъуыст директоры хъæлæс: — Размæ! Мах дæр та араст стæм Надарбазы цады ’рдæм заргæ. Цæуын нæ хъуыди 12 километрæй фылдæр. Куыд схæццæ стæми цадмæ, уый зонгæ дæр нæ бакодтам. Нæ фæндаг цыди дыргъдæтты, мæнæуы хуымты астæзпгы. Бæстæ цыма дидинæгдон фестад, афтæ нæм худтыс- ты бæлæстæй дæр æмæ хуымтæй дæр алыхуызон рæсугъд дидинджы- тæ. Сæ зæрдæмæдзæугæ тæф сын уддзæф нæ фындзы бын радав- бадав кодта æмæ нæ тых дывæргæнгæ цыди. Сихор афонмæ ’ввахс уыд, цадмæ куы бахæццæ стæм, уæд. Уым ныл бирæ адæм амбæлд, нæ дзæкъултæ нын æрисын кодтой, æмæ нæ сихор хæрын дæр нæ бауагътой, афтæмæй нæ бирæ фæзарын æмæ фæкафын кодтой. Мæнмæ цад тыхджын рæсугъд фæкаст, фæлæ цадмæ ’ввахс йæ алыварс, иу бæлас дæр ^кæй нæ задис, ууыл дис кодтон. Цады дон уыдис тынг цæхджын. Йæ буар, дам-иу цъутхæлттæ кæмæн кодта, уый, дам-иу дзы иу хатт йæхи куы ныннадта, уæд, дам-иу йæ низ фесæфти. Ахæм ныхæстæ фехъуыстон мæ фыдæй. Рæстæг афтæ атахт, æмæ йæ зонгæ дæр нæ бакодтам. Сихорафо- нæй ахызт, мах та нæ дзыхы къæбæр дæр нæма акодтам. Мах, директоры уынаффæмæ гæсгæ, цады нæхи тагъд-тагъд анад- там, æмæ æрбадтыстæм цъæх нæууыл сихор хæрыныл. Алчи дæр йæ разы газет айтыгъта, æмæ, йæ дзæкъулы кæмæн цы уыд, уыдон йæхи раз æрæвæрдта гуырдзиаг æгъдаумæ гæсгæ. Хæрд нæма фестæм, афтæ мын мæ доны авг Къодхор фелвæста æмæ йæ иууылдæр йæ хъуыры аскъæрдта, мæхæдæг дзы иу хуыпп дæр нæма акодтон, афтæмæй. Фынгылбадджытæ иууылдæр дон агурæг сысты. Дон сæ никæмæ разынд. Цады дон та нуазынæн нæ бæззыд. Хур нындæвта æмæ алыр- дыгæй сабитæ дон-дон кодтой. Иу сывæллоны фыд, дæрддзæф нæм цы бæхтæ хызти, уыдонæй иу рацахста æмæ Надарбазы хъæуырдæм аскъæрдта. Цадæй хъæ}'мæ уыдаид иу-дыууæ километры. Махæн нæ цæстытæ ныуурс сты хъæуырдæм кæсынæй. Дон хæссæг нæ зынд. Куыд рабæрæг, афтæмæй ма, дам, дон тæдзгæ цыд кодта, æндæр нæ, афтæмæй йыл бирæ адæм æртымбыл æмæ рады лæууынц. Сывæллæттæ зæрдæхъæрмттæ кæнын куы байдыдтой, уæд та кæйдæр фыд бæхтæй иу рацахста æмæ та йæ аскъæрдта хъæуы ’рдæм. Уым, фæндагыл иу лæгæн йæ донхæссæн йæ къухтæй срæдывта æмæ тæвдæй донимæ нæ уæлхъус æрбалæууыд. Мах донæй, кæй цас хъуыди, уыйас нæ нуæзтам, цæмæй алкæ- уылдæр аххæссыдаид. Уæдмæ иннæ дон хæссæг дæр фæзынд, æмæ не ’муд æрцыдыстæм. 27
Фæстæмæ дæр та заргæ рараст стæм, фæлæ нæ зард куы нал рæстмæ кодта, уæд ныхъхъус стæм æмæ афтæмæй цыдыстæм. Æз фæндагыл мæхи мидæг хъуыды кодтон: «Цымæ ахуыргæн- джытæй дæр æмæ ныййарджытæй дæр иу афтæ цæмæн нæ ахъуыды кодта, сывæллонæн йемæ дон арвитон?». Мæныл дæр ахæм хабар куынæ æрцыдаид, уæд чи зоны æмæ æз дæр мæ дзæкъулы фыццаг доны авг нæ нывæрдтаин. Адæймаг йæхи сæрыл цы нæ бавзара, уый йæм нæ хъары.Фæлæ ныл ахæм хабар æрцыди, мæ фыдимæ хъæдмæ куы ацыдыстæм, уæд. Дон нæ ахастам немæ æмæ стæй дойныйæ мардыстæм. Къодхорæн йе’цæг ном Гиго уыди. Иу хатт мын йæ мады мад мæ хистæр æфсымæры гутоны къокъоса рахуыдта, дзæбæх кæй нæ рæз- ти, уымæ гæсгæ. Мæ мад смæсты æмæ, уый та, Гиго бирæ кæй хорд- та, уымæ гæсгæ йæ «Къодхор» рахуыдта. Гиго къамбецы хуызæн кæй уыди, уымæ гæсгæ ма йæ хъæу «Зака» дæр хуыдтой. Гиго иунæг лæппу уыдис. Буц хаст уыдис. Æвдæм къласмæ цыди, фæлæ йæ усгур лæппутæй нæ равзæрстаис, афтæ ныддымстис. Ма- хæн, сабитæн, тыххæй хæдзæрттæй .алыхуызон хæринæгтæ давын кодта, æмæ из’ сæ йæхæдæг иунæгæй, йе стыр гуыбыны ауагъта. Æмæ куыннæ снард уыдаид! Цадмæ куы фæцæйцыдыстæм, уæд сывæллæттæй Гигойæ хуыз- дæр уæлæдарæс никæуыл уыд. Йæ урс-з’рсид хæдон хурмæ цæхæртæ калдта, æмæ йæм хæлæгæй мардыстæм. Скъолайæ куы ’рбаздæхтæн, уæд мæ мæ фыд афарста: — Иртаг, Надарбазы цад дæ зæрдæмæ фæцыд? — Фæцыд, — загътон ын æз æмæ тутабæласы бын йæ фарсмæ æрбадтæн. — Ахуыргæнджытæ уын цады тыххæй ницы æмбисонд радзырдтой? Æз мæ фыдæн куы загътон, цады тыххæй нын зæгъын ничи ницы радзырдта, уæд мын фыд йæхæдæг ракодта ахæм хабар: — Надарбаз, мах дзурæм, ирæттæ. Æцæгæй та, хъæу хуыйны Надарбазевы хъæу. Цад та «Надарбазевы цад». Надарбазевы та, гуыр- дзиагау нысан кæны «Æдзæрæг галуантæ». Мæнæн мæ зæрдæ нал фæлæууыд, æмæ афарстон фыды: — Æмæ цæмæн хз’ыйны хъæу «Æдзæрæг галуантæ»? — Уымæн, мæ хъæбул, æмæ хъæу раджы заманты кæддæр фе- дзæрæг и. Раздæр хуынд Галуанты хъæу. Ацы хъæуы, цард иу тынг бонджын ирон лæг. Лæгæн уыд бирæ бæрзонд галуантæ, æмæ хъæз’ дæр уымæн афтæ рахуыдтой. — Æмæ æдзæрæг та цæмæн фæци? — афарстон та мæ фыды. — Уымæн æмæ, Кимо (афтæ, хуынд хъæздыг лæг) йæ лæппуйæн ус курын сфæнд кодта. Ныр зымæг йæ тæккæ тыхы бацыд. Чындз- хæсджыты куы арвыста, 3'æД> уьщы.æхсэев, стæй боны дæр з’ьшас мит ныууарыд, æмæ дзы лæг йæ хъуыры онг ныгъуылд. Чындзхæсджытæ фæстæмæ куы здæхтысты дыккаг изæр, уæд дзоныгъ, цалынмæ йыл дыз’уадæсцæды галтæ сифтыгътой, уæдмæ змæлын дæр нæ куымдта. Кз’ы рацыдысты, з^Д нæдæр фæндаг зынд, 28
нæдæр цад. Цад дæр, æхсæвы ныссалд, боны та йыл мит ныууарыд. Чындзхæсджытæн æхсæвы талынджы фæндаг фæхæццæ. Цады сæрты æрбаирвæзтысты æмæ, йæ тæккæ астæумæ куы ’рбахæццæ сты, уæд их ныссаст æмæ, фæдæлдон сты. Хъæуы адæм сæ мæрдтыл æнæхъæн афæдз цадмæ уыйас фæкуыд- той, æмæ цады дон ысцæхджын и. ’ Афæдзы хист сын куы скодтой, уæд, цады был чи царди, уыдо- нæн, сæ зæрдæ афтæ рыст уыд, æмæ хъæуыл арт бандзæрстой, æндæр ранмæ фæлыгъдысты, æмæ хъæу федзæрæг и. Цасдæр рæстæджы фæстæ, ацы хъæуы гуырдзиæгтæ æрцард, æмæ йæ рахуыдтой «Надарбазеви». Цады та рахуыдтой «Надарбазевис Тба». Ацы чындзхæсджытыл ирон адæм зарæг скодтой, æмæ-иу æй исчи куы зарыд, уæд-иу дурын зæрдæ кæмæн уыд, уымæн дæр йе ’рдиаг цыд. Фыд йæ ныхас куы фæци, уæд мын мæ сæрыл йæ къух æруагъта, æмæ та загъта: — Афтæ, гъе, мæ хъæбул. Цард диссаг у, кæмæ кæцæй цы кæсы, уымæн ничиницы зоны, фæлæ уæддæр хи хъаггæнын хъæуы. Стæй тагъд кæнын дæр никуыдæм хъæуы. Уыцы æхсæв, чындзхæсджытæ куы нæ рацыдаиккой, уæд, дыккаг бон ахæм хур ракаст, æмæ бæстæ дон фестад. Фысымтæ сæ нæ уагътой рацæуын. Хадо ма мын цыдæртæ дзырдта, фæлæ мæм чындзхæсджыты тæ- ригъæдæй йæ ныхæстæ нал хъуыстысты. Стæй мæхи тухитæ иууыл- дæр мæ зæрдыл æрлæууыдысты æмæ мæ цæстысыгтæ мæ хъæбысмæ лæсæнтæ кодтой. Мæ галиу цонг Иу сæрдыгон изæр колхозы хуыты хизæнæй сыскъæрдтон. Хæдзар- мæ куыддæр схæццæ дæн, афтæ мæ хъустыл æрцыд стъилийы хъæр. Æз хæргæ дæр ницы акодтон, афтæмæй лидзынмæ фæдæн. Цæ- виттон, нæ сыхаг хъæу, Сæрибар чи уыд, уырдæм-иу Къодисцка- ройы хъæуæй æрбацыдысты гуырдзиæте стъилицæгъдгæ æмæ-иу ирæттимæ мусты сæ тых æвзæрстой. Мæ мад мæ фæдыл цасдæр хъæргæнгæ фезгъордта: — Иртаг, мæ хъæбул! Раздæх, дысон æвзæр фын федтон! Кæдæм тæхыс æххормагæй?! Æз мæ мадмæ нæ байхъуыстон. Уый, куы бафæллад æмæ йæ бон куы базыдта, уæд фæстæмæ аздæхт йæ цæссыгтæ сæрфгæ. Мæныл аст азы йеддæмæ нæма цыди, фæлæ тынг ныфсджын уыдтæн. Хæцгæ дæр ’æвзæр’ нæ кодтон, мæхицæй хистæрты ныхмæ дæр-иу фæлæууыдтæн. Мусмæ куыддæр схæццæ дæн, афтæ мæ нæ хъæуккæгтæ мусы астæу фæмидæг "кодтой. Цалдæр гуырдзиаджы абырстон, мæхицæй ныббуц дæн, æмæ мусы астæу лæууын. Æнхъæл- мæ кæсын, кæд ма исчи рацæуид мемæ хæцынмæ. Гуырдзиаг сывæллæттæй мæм йæ ныфс куы ничиуал хаста, уæд мæм нæ сыхаг хъæуккаг, ме ’мцахъхъæн ирон лæппу Бондары тых- 29
хæй раластой. Бондар мæм йæ ныфс нæ хаста, уымæн æмæ иу быды- ры хуыты куы хызтам, уæд хæцыдыстæм æмæ йæ рæуæгæй бырстон. Бондар куыддæр мусы астæу æрлæууыд, афтæ йыл æз мæхи ныц- цавтон, фелвæстон æй хæрдмæ уæлдæфы, æмæ — мæнæ царциаты диссæгтæ... Куыддæр æй хъуамæ зæххыл ныццавтаин, афтæ нæ дыууæ дæр иуварс атахтыстæм, зæххыл нæ тъæпп фæцыд, æмæ Бондар ме ’ккой абадт. Æз фырхудинагæй ферра дæн. Мæ галиу цонг куыд асаст, уый фыртæвдæй зонгæ дæр нæ бакодтон. Фæгæпп кодтон æмæ та Бондарыл мæхи андзæрстон. Фæлæ мæ галиу къух уæлдæфы ауы- гъдæй аззад, мæ цæстытæ талынгтæ кæнын байдыдтой, æмæ мæ хъус- тыл ауадис мæ хистæр æфсымæр Гигойы богъ-богъ. Уæд мæ нæ хъæуккаг лæппу, стыр лæппу, йæ усгуры кары чи бацыд, ахæм, йæ ном Фенгиз æрбахъæбыс кодта, мæ астæуыл мын фидар ныххæцыд, афтæмæй йе ’мбалмæ дзуры: — Аршан! Мæнæ Иртагæн йæ цонг фелвæст, ныххæц цонгыл фидар, æмæ йæ дæ тых-дæ бонæй æрриуыгъ-æрриуыгъ кæн, цалынмæ йæ бынаты сбада, уæдмæ. Фенгиз зыдта, мæнæн мæ цонг саст кæй у, фæлæ мæ фыддæра- гæн удхарæй мардта. Аршан мын мæ саст цонг куы æривазгæриваз кодта, уæд мæнæн фыр рыстæй мæ уд сцæйхаудта. Мæ цъæххахстмæ мæ фыд куы нæ схæццæ уыдаид, уæд мын мæ цонгæн йе ’рдæг атыдта- иккой. Фенгиз махмæ мæсты уыд — кæддæр æй мæ фыд цыдæр давгæ баййæфта колхозы хуымæй æмæ йын æй кæй байста, уый тыххæй. Хадо куыддæр схæццæ, афтæ хъуыддаг бамбæрста. Схъæртæ сыл кодта, сæ къухтæй мæ ратыдта, мæ саст цонг мын мæ ронæй мæ астæумæ балхъывта, йе ’ккой мæ скодта æмæ мæ рахаста. Нæ хъæу- мæ куы баввахс стæм, уæд ын æз балæгъстæ кодтон: — Æруадз мæ зæхмæ! Мæхæдæг ацæудзынæн, худинаг у адæмæй. Хадо мæ æруагъта зæхмæ. Мæнæн мæ сæр зылди, мæ къæхтыл тыххæй лæууыдтæн, мæ цæстытæй ницы уыдтон. Уæд мын Хадо мæ рахиз къухыл ныххæцыд æмæ мæ афтæмæй кодта. Хъæуы астæуты куы æрбацæйцыдыстæм, æмæ-иу Хадойы исчи мæн тыххæй куы афарста, уæд-иу мæнæн фыр æфсæрмæй мæ цон- джы рыст фæтыхджындæр и. Æз мæ цонджы мастæй кæй фæбынæй дæн, ууыл фылдæр маст кодтон;. Уæд нæма зыдтон, Фенгизы аххо- сæй кæй фæбынæй дæн, уыцы хаблр. Хæдзармæ куы ’рхæццæ стæм, уæд мæ мад йæ уæрджытыл балæу- уыд афтæмæй хъарæг кодта: '••'■■ — Мæнæ мæ артыл дон куыд ауагътон, мæнæ !.. Ацы цъæх арты сз’дзинаг куыстыты тыххæй раздæхтæн, æндæра, дæ фæстæ ацыдаин æмæ дæ тыххæй раластаин! Хадо мæ мадыл бабустæ кодта: — Ныууадз ныр дæ тъизын! Сывæллоны æрхуыссын кæн хуыссæ- ны. Æз Орчъосанмæ ацæуон, Леваны æркæнон, æмæ йын йæ цонг фена. Нæ хъæуæй Орчъосанмæ æртæ километрæй фылдæр и. Мæ фыд талынг æхсæвы æнæрлæугæйæ фезгъордта. ÆвæцЦæгæн-иу, мæгуыр, кæлгæ дæр фæкодта уыцы талынг фæндагыл. 30
Леван хорз лæг разынди. Йæ дарæс дæр нæ раивта, афтæмæй ратагъд кодта Хадоимæ. Цалынмæ уыдон хæццæ кодтой, уæдмæ æрдæгæхсæв сси, фæлæ мад мæ уæлхъусæй ничердæм ахызти. Куыдта-иу, куыдта-иу, стæй- иу йæ кæ^^ынæй фæлæууыд æмæ-иу мын ныфсытæ æвæрынмæ фæци: — Мауал ку, мæ хъæбул, тагъд Леваны ардæм хъæуы. Уый/стыр дæсны у, уыцы Леван. Дæ цонг дын бабæтдзæн, æппындæр дын нал рисдзæн æмæ дын цалдæр бонмæ адзæбæх уыдзæн. Уый бирæты адзæ- бæх кодта. Мæнмæ мæ мады ныхæстæ рæстмæ нал хъуыстысты. Мæ сæр зылди, мæ цонджы рыст уый бæрц нал æмбæрстон, фæлæ мæ фынæй кæнын нæ уагъта уæддæр. Иу ахæмы дуай байгом. Мидæмæ æрбахызт иу къæдзæхы йас сау хъуынджын лæг. Йæ сæр галиуырдæм фæзылдта, æмæ йын йæ саси- ры йас цæстытæм куы фæкомкоммæ дæн, уæд æй æз уæйыг фенхъæлд- тон. Ноджы йæ цæстытæ кæд нæ уыдысты зылын æмæ йæ фæстæ Хадо куы.нæ æрбахызтаид, уæд фыртæссæй мæ рыст зæрдæ аскъуыдаид. Æз куы ныббогъ кодтон, уæд Хадо мæ разы алæз’уыд. ■ — Ма тæрс, ма, Иртаг! Ацы лæг Леван у. Дæсны Леван, дохтыр Леван. Ныртæккæ дын дæ цонг куы бабæтта, уæд,кæм и дæ цонг, уый зонгæ дæр нал бакæндзынæ. . ; Мæ мад Леваны амындмæ гæсгæ хуыссæныл æрбадт. Мæн йæ хъæбысы ’рбадын кодта æмæ мын мæ астæуыл фидар ныххæцыди. Леван мын мæ саст цонгыл йæ галиу къухæй ныххæцыд, рахиз къухы æнгуылдзтæй та бирæ фесгæрста састы бынат, стæй Хадойæн мæ къухмæ амоны: — Йæ къухыл ын фидар ныххæц æмæ йæ дæ тых-дæ бонæй аиваз! Саст стджытæ кæрæдзи фæрсты бацыдысты, æмæ цонг тыхджын хъæуы аивазын. Хадо мын, æвæццæгæн, тæригъæд кодта, æмæ мын мæ цонг гыц- цыл йеддæмæ нæ ивæзта. Уæд ыл Леван ныббогъ кодта: — Аиваз цонг тынгдæр! Мауал удхарæй мар сывæллоны! Хадойæн Леваны.хъæрмæ цонг æгæр ивæзт дæр фæци. Мæ цъæ- хахстмæ ма сыхæгтæ дæр фехъал сты æмæ мæ уæлхъус февзæрдысты. Леван саст бынат йæ уырзтæй æрысгæрстытæ кодта æмæ Хадомæ дзуры: — Рауадз ныр цонг сабыргай. Леван мын мæ цонджы дыууæ саст хайы кæрæдзимæ сраст кодта, фидар мын ыл стыхта сыгъдæг урс хъуымац, уый æдде цонгыл тæвд хыссæ сæвæрдта, хыссæйы æдде та фæйнæгæй фæрсчытæ ныббаста цонгыл дыууæрдыгæй. Мæ цонг баст куы фæци, уæд мын гыццыл фенцондæр ис æмæ зæрдæбынæй ныуулæфыдтæн. Мæ мад дæр йæ кæуын фæуагъта, æмæ мын мæ цæстытæм ныфс- джынæй ныккаст. ... Леван мæ афарста: — Куыд дæ, мæ чысыл богал. Никуы фехъуыстай: «хæцаг галæн, 31
йæ сыкъа сæттаг у»? Амæй фæстæмæ-иу дæ мадмæ хъус æмæ макуал фæкæлай. Æз æм дзургæ ницы скодтон, мæ сæр батылдтон, æмæ, цыма мæ Хз’ыцау уыдис, ахæм цæстытæй йæм кастæн. Маст кодтон, æмæ мæм худинаг каст, кæй фæбынæй дæн, уыцы хабар. Леван мын мæ уæхск мæ риумæ фидар бабаста, мæ цонг та мын мæ бæрзæймæ æрцауыгъта æмæ загъта: — Ныр æз цæз’ын. Æртæ къз’ырийы фæстæ ам дæн. Сывæллоны цонджы баст æнæ мæн мачи райхалæд. Леван бадгæ дæр не ’ркодта, афтæмæй араст и уыцы талынджы. Уæд мæ мад тагъд-тагъд цыдæртæ авæрдта хордзены, Хадо хордзен йе ’ккой баппæрста æмæ Леваны фæстейæ асырдта. Уыцы ’хсæв æппындæр мæ цæстытыл хуыссæг не ’рхæцыд. Мæ цонг рисгæ афтæ тыхджын нал кодта, фæлæ дудыдта æмæ тæвды сыгъди. Мæ цонг йæхимидæг змæлыд æмæ мæхæдæг дæр бонмæ мæ хз^ыссæны ратз’л-батул кодтон. Мæ мад мæ уæлхъз’с лæууыдис, æмæ кæуын хъæлæсæй дзырдта: — Мæхи аххос уыд, мæхи аххос... Мæрдты хай фæуа ме ’лгъыст сæр... Цæмæн нæ ацыдтæн дæ фæдыл æмæ дæ цæуылнæ ракодтон. Ады фыдбылыз дæм кæй каст, уый хæйрæгау мæ зæрдæ кз^ы зыдта... Иу-фондз боны афтæ фæудхар кодтон. Стæй мæ цонджы рыст фæлæз’уыд, хæрын дæр райдыдтон, æмæ фæхуыздæр дæн. Кæртмæ дæр райдыдтон цæуын, фæлæ иу мын сыхæгты лæппутæй куы чи бафидис кодта, куы — чи, æмæ-иу мæ зæрдæ фырмæстæй фæцæй- тыдта. Мæ маст та-иу сног и æмæ та-иу ставд цæссыгæй фæкуыдтон. Рацыди дыууæ къуырийы. Мæ цонг мæ хæрын байдыдта, æмæ басты бынæй цъæй рахъардта. Иу сихорафон мæ зæрдæ нал фæлæууыд, æмæ йын йæ баст рай- хæлдтон. Мæ цонгмæ куы ’ркастæн, уæд фыртæссæй ныббогъ код- тон. Мæ хъæрмæ мад фæфæдис и. Мæ цонгмæ мын куы фæком- коммæ, уæд уый та мæнæй тынгдæр ныббогъ кодта, æмæ уæд Хадо дæр нæ уæлхъус алæууыд. Цонг иууылдæр ыссау. Састы астæу дзидза аскъуыди. Скъзо>щæй сырх дзидза рапуси, пусийы астæуæй цыдæр урс йæ бырынкъ радардта, æмæ з’ыцы бырынкъæй цъæй тæдзы. Цонгæй цыдæр æнуд ысмаг цæуы. Хадо азгъордта, æмæ цалдæр сахаты.фæстæ Леваны нæхимæ ’рба- лæууын кодта. Леван цонгмæ æркаст, карз арахъæй йæ дзæбæх æрæхсадта, стæй загъта: — Тæрсгæ ма кæнут, хорз æмæ, хæф æддæмæ ратыдта.Хъз^ыддаг . уый мидæг ис æмæ йын лæппутæ йæ цонг кз^ы раиваз-баиваз кодтой, уæд саст стджытæ мидæгæй скæрдæн кодтой дзидза, стæг дæр гыц- цыл фесхъис и. Ныр дзидза куы схæф ис, уæд стæджы схъис æддæмæ ратыдта æмæ хæф æддæмæ фæци. Сьшдæггай стæджы схъис дæр йæхигъæдæй рабырдзæн, æмæ хъæдгом байгас уыдзæн. Леван куы фæцæйцыди, уэед ма иу здæхт фæкодта æмæ Хадомæ дзуры: 32
— Хадо! Сывæллоны дохтыртæм кæвынвæнд ма скæв. Йæ цонг ын алыг кæнындзысты. Кæд цонг не сдзæбæх уа, уэвдгиу мæнæй агур дзуапп. Мæнæн Леваны ныхæстæй из’æй мæ зæрдæ баружсг иннæмæй та тæрсгæ кодтон... Хадо мæ дохтыртæм к^пы акæна, дохтыртæ? мьга мæ цонг куыалыгкæной, æмæ иудзонгонæй куы баззайон. Мæцонг рисгæ дæр нал кодта, уæлæмæ исын дæр æй фæрæзтон, фæлæ-иу хъæдгоммæ куы фæкомкоммæ дæн, уæд-иу базыр-зыр кодтон, æмæтаиу мæхины- мæр загътон. «Афтæ мын хъæуы, цæуылнæ хъз’ыстон мæ мадмæ». Леван куы ацыди, уæд мæ фыды бафарстон, Леванаот,, зæгъын, йæ цæстытæ цæмæн зылын сты. Хадо мæм æрбажаст,, бæрæг уыди дзурын æй нæ фæндыд, фæлæ, кæд мæнæй мæ цовджы кой айрох уаид. Æмæ райдыдта дззфын: — Уый раджы уыди. Иу сæрдыгон изæры, Орчъосаныхъомгæстæ хъæз’ы хъом рацæйскъæрдтой хъæумæ. Ладжырмæ кз’ы схæццæ сты, уæд сæ кæцæйдæр абырджытæ топпæй æхсьш байдыдтой. Хъомгæстæ фæтарс- тысты, къудзиты амбæхстысты æмæ хъæуырдæм сæ кькх сарæзтой. Абырджытæ хъом сæ разæй акодтой æмæ сæ тæрын равдыдтой. Орчъосаны фæсивæд сæ бæхтыл абадтысты æмæ аеырдтой абыр- джыты. Чобалауры бын сæ сæййæфтой. Уæд дзы а Леван йæ иу къу- хæй из’ы ацахста, иннæ къз’хæй иннæйы, сæ сæртæ еьш кæрæдзийыл куы’ныггуыпп кодта, уæд гз’ырдзиæгтæ лидзынмæ фееты.. Хъом хъæ- уырдæм аздæхтой, Леваны ’мбæлттæ сæхимæ рацыдыстьг. Уый Чоба- лауры йæ зонгæмæ хорз фæминас кодта, стæй æмбисæхсæв расыгæй йæ хæдзармæ рараст и. Ладжырмæ, куы ’рхæццæ, уæдьжуьдаз’æйыг амбæлд. Бонмæ фæхæцыдысты уæигимæ. Уæигæн йæ^ бон куынæуал уыдис, уæд лидзынмæ фæцис, Леванæн та йæ цæстытæ фæзылын сты. Ацы хабар цас уырнинаг у, уымæн ницы зонын. Чи зоны, Леван расыгæй Ладжыры бафынæй. Фыны фæхæцыд уæипшæу паралич æй ныццавта, æмæ йæ цæстытæ уымæн фæзылын стм.. Хадо йæ ныхас фæци æмæ дыргъдонмæ ацыди. Мæнæн иу мæ мад алыбон дæр мæ цонг карз арахъæй ныхсадта, хъæдгомыл-иу дугьы- сыф сæвæрдта æмæ мын иу æй сыгъдæг тæнæг ур^" хъуымацæй рог баст бакодта. Æрхæццæ скъоламæ цæуыны афон. Æз ме ’мбæяттæм хæлæгæй мардтæн. Уыдон-иу скъоламæ араст сты, æз та, мæ^цонг мæ бæрзæ- йыл аз^ыгъдæй, нæ кæрты рабыр-бабыр кодтон. Нæхи хъæуы дыууæкъласон скъола каст фæдæн æмæ ныр æз дæр ме ’мбæлттау æртыккаг къласмæ Сæрибары скъоламæ хъуамæ рай- дыдтаин цæз’ын, фæлæ м’амондæн цы загъдæз’а! Æрбалæз’уыд ноябры Мæй. Мæ цонгæн йæ хъæдгом; куы нæ дзæ- бæх кодта, уæд мæ фыд ныллæуз’ыд, цæмæй мæ дохтыртæм акæна, фæзылди хъæуы, ’хца хæс райста, мæ мадæн загъта, райсом,'дам, æй дохтыртæм кæнын, æмæ, дам, æй ацæттæ кæн. Хадойы ныхæстæ ме узенгты ахъардтой. Мæ цæетытыл ауади, дохтыртæ мын мæ цонг хырхæй куыд лыг кæндзыстыу. уыцы; ныв. Фырадæргæй кæртмæ раз’адтæн. Кæрты астæу цъг стыр^ тз’табæ- 3 Тъехты В. 33
лас уыд, уый цъулмæ куыддæрты сбырыдтæн. Уырдыгæй зынди Зе- мехъуры Уастырджийы кувæндон. Хъз’амæ йын мæхи бафæдзæхста- ин. Бæласы цъуппæй куы акастæн, уæд мæ мæ цонг æрбайрох. Цæгатырдыгæй мæм зынынц, }'ым рæбыны цы хъæутæ æрбынат кодта, з^ыдон: Дзукъатыхъæу, Кедигора, Орчъосан, Земехъзф, А6- ре}^, Горакъа, Задытыхъæз^, Сæрибар. Хуссарырдыгæй, Триалеты хæхты цæгат рæбыны цы хъæз’тæ уыд, З’ыдон: Рене, Нигоза, Чобалаур, Нацърет. Скæсæнырдыгæй: Кодискаро, Квемочала, Гамдлицкаро. Ныгуылæнырдыгæй: Хурвалет, Цъинагар, Цъителубан, Надарба- зев. ,,. Æмæ мæ зæрдæ ныррухс, хъæлдзæг гыбар-гыбзф систа мæ риуы. Æз кæцæй кастæн — нæхи хъæу Хъарапина та æрьшцад ацы хъæу- ты астæу гыццыл тымбыл бæрзонд къз’ыппыл. Ацы хъæутæй нæм алкæ- цыйæ дæр Джеоргуыбайы з’азæгуаты цыдысты мæ фыды æрдхæрдтæ. Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма ацы ссæдз хъæуыл арвæй исчи стыр хъз’лон гауыз æрæппæрста: зæхх дæр, бæлæстæ дæр æмæ хæдзæрттæ дæр мыдхуыз бзф-бурид хуыз райстой. Цымæ сæ исчи сыгъзæрин доны стылдта, афтæ æрттывтой хзфмæ. Зымæгон кæрдотæ æмæ фæт- къуытæ тынд нæма уыдысты. ,Сæ сырхрус гагатæ хъал усгур лæп- путæ æмæ чындздзон чызджытау хъæлдзæгæй кæрæдзимæ худтыс- ты. Ныгуылæнырдыгæй хъæуты астæу цæугæ дон «Тортла»-йы дыууæ фарс алы ран бæлæсты бын хъом ривæд кодта. Дыккаг бон араст стæм æмæ балæуз’ыдыстæм Къаспы районы рынчындоны раз. Дохтыр мын мæ цонгмæ куы ’ркаст, уæд мæ фы- димæ загъд-замана систа: — Ацы тæккæ минут милицæмæ фæдзурдзынæн æмæ дæ ахæс- тонмæ аласын кæндзынæн. Сывæллонæн йæ цонг куы асаст, уæд æй дохтырмæ цæуылнæ бакодтай? Ныр цонг куы бамбыд, уæд ма мæм æй цæмæн æртардтай? Хадо ма зыр-зыргæнгæ афтæ бакодта: — Фæндаггаджы ’хца мын æфстау куы ничи радта, уæд мæ сæ- рæн ницыуал зыдтон æмæ Леванмæ атахтæн. Дохтыр та йыл фæхъæр кодта: — Ды дæр æмæ Леван дæр иумæ амидæг уыдзыстут ахæстоны! Дохтыр мæн дуармæ рарвыста. Дуар æрæхгæдта æмæ Хадоимæ бирæ фæныхас кодтой цæуылдæр, ; Хадо куы рахызт æддæмæ, уæд мæнæн ницы схъæр кодта, фæлæ йæ уый фæстæ базыдтон, мæ цонг мын лыг кæнынмæ кæй хъавыдыс- ты. Гангренæ, дам, ыл фæзынд, æмæ, дам, цонг куы нæ альп’ кæнæм, З^æд, дам, уæнгтæм ахиздзæн æмæ, дам, сывæллон фесæфдзæн, Хадо дохтырæн æхца радта, дохтыр ын гæххæтт ныффыста, цæмæй мæ Тбилисы республикон рынчындоны схз^ыссын кæной, уый тыххæй. - Мæ фыд мын ме уæхскыл йæ цонг æрывæрдта æмæ дзуры: — Тæрсгæ ма кæн, Иртаг. Мæнæ гæххæтт райстон, Тбилисы дæ рынчындоны схуыссын кæндзынæн, æмæ дæ цонг адзæбæх уыдзæн. Фидæнмæ та скъоламæ дæр райдайдзынæ цæуын. Ды та мын мæ 34
рæдыд ныббар, дæ цонг куы асаст, уæд дæуайтагъд дохтыртæм кæй нæ акодтон, уый тыххæй. Уыцы рæстæджы Къаспæй Тбилисмæ комкоммæ машинæтæ арæх нæ цыдысты. Мах дæр уал Игоеты онг абадтыстæм æндæр машинæйы. Игоеты машинæмæ куы ’нхъæлмæ кастыстæм, уæд хур тынг нын- дæвта. Иу ус сæлдæгтæ уæй кодта. Хадо мын из’ сæлдæг куы балхæд- та, уæд мæнмæ тынг дис фæкастис... хæс æхцатæй мын, зæгъын, сæл- дæг куыд æлхæны. Æз сæлдæг фыццаг хатт федтон, мæ зæрдæмæ нæ фæцыд йæ ад, Уæд ын йæ хуылф Хадо бахордта, йæ цъар та æз. Рухс ма уыд, афтæ ныххæццæ стæм Тбилисмæ. Æз горæты фыц- цаг хатт уыдтæн, æмæ ма абон дæр мæ цæстытыл уайы, машинæ-иу махæрдæм рацæйцæугæ куы ауыдтон, уæд-иу Хадойы фæстæ куыд амбæхстæн, уый. Рынчындонмæ куы бацыдыстæм, уæд Хадойæн загътой, бынат, дам, нæм нæй, æмæ, дам, иу мæйы фæстæ æрцæут. Мæнæн æхсызгон уыд, бынат сæм кæй нæ уыд, уый. Афтæ æнхъæлдтон, Хадо мæ фæстæмæ акæндзæн хъæз’мæ, фæлæ мæ ци- нæй ницы рауад. Хадо мæ, рынчынтæ кæм фенхъæлмæ кæсынц, уым бандоныл æрбадын кодта æмæ загъта: \, • ’ — Тыхсгæ мын ма кæн, исты та æрхъз’ыды кæндзынæн. Фæстæмæ дæ хъæумæ нал акæндзынæн, цалынмæ дæ цонг сдзæбæх уа, з^æдмæ. Мæнæн мæ зæрдæ уынгæг кодта, мæ цæстытыл уади нæ хъæу. Мæ цæстысыгтæ-иу æркалдысты æмæ-и}^ сæ сусæгæй асæрфтон. Ра- уай-бауай кодтон, цæмæй мæ Хадо ма фæхата. Хадо дохтыртæн бирæ фæлæгъстæ кодта, цы капеччытæ ма йæм уыд, уыдон сын радта æмæ мæ схуыссын кодта рынчындоны. Æз уьщы æхсæв æппындæр нæ бафьшæй дæн. Æдзух мæ цæссыг калд. Мысыдтæн нæ хъæу, тарстæн, мæ цонг мьга куы алыг кæной, уымæй дæр. Куы ’рбабон, уæд кæсын,^мæ фарсмæ хуыссы иу мæ цахъхъæн гуырдзиаг лæппу уæлгоммæ. Йæ ахсæныл ын операци скодтой æрæ- джы, æмæ растын йæ бон нæма уыд. Йæ мад æдзух йæ уæлхъус бады. Иу ахæмы йæ мад кæдæмдæр ауад. Лæппу ме ’рдæм ракаст. Мæ рустыл мын цæссыгтæ куы а^^ыдта, угед мын мæ рус йæ рахиз къухæй фæлмæн цъыкк æркодта. Мæнмæ тæригъæд каст нрг операцигонд кæй уыд, уый тыххæй, куы нæ йæм сдзырдтон, уæд мын йæ тых-йæ бонæй мæ цæсгом цъыч- чытæ кæнын райдыдта. Уыцы рæстæджы мæнмæ мæ дохтыр ■— ирон сылгоймаг — æрба- цæйцыд æмæ лæппуйыл фæхъæр кодта: — Цæмæн æй цæвыс?! * Лæпп^^ дохтырмæ мæстыйæ скаст æмæ загъта: — Уымæн æй цæвын, æмæ ирон у. Ирæттæ гуырдзиæгтæн се знæгтæ сты! Мæ фыды фыд, æлдар уыди, æмæ йæ ирон большевик амардта. Мæ дохтыр сывæллоны мадимæ тынг фæхыл æмæ сæ æндæр па- латæмæ аивын кодта. Мæнæн мæ зæрдыл æрлæз’уыд иу хабар. Мæ фыд æй кæмæндæр дзырдта, æз та сæм иуварсæй хъз^ыстон. 35
Революцийы фæстæ болыиевиктæ иу бон Квемочаламæ бацыдыс- ты цалдæрæй. Æрæмбырд кодтой гуырдзиаг æлдæртты иуз’ылдæр, сæ разæй сæ ракодтой. Гзфмæ, дам, уæ кæнæм ахæстонмæ. Хъарапи- намæ куы ’рбахæццæ сты, уæд ацы хъæуæй дæр цалдæр лæджы бел- тимæ семæ акодтой. Чобалазфы комкоммæ Тъортълайы былмæ куы ныххæццæ сты, уæд уым æлдæрттæн сæхицæн уæрм скъахын код- той, стæи сæ фехстой, æмæ сæ Хъарапинайаг лæгтæн баныгæнын кодтой дзыхъхъы иумæ. Æлдæртты чи акодта, уыцы большевиктæй иу бæрзонд хæрзконд ирон лæг з’ыд Нигозиаг, Сосе йæ хуыдтой. Ацы хабæрттыл бирæ азтæ рацыди æмæ дын иу ахæмы Сосейæн йæ хъус куы сриссид. Бабадт йæ хъал бæхыл, æмæ Тбилисы дохты- ры раз балæуз^ыд. Афтæмæй дохтыр, кæй амардтой, уыцы æлдæрт- тæй иуы фырт куы разынид. Дохтыр куыддæр фæгуырысхо и а Сосейыл æмæ йæ фæрсы: — Ацы хорз лæг, уæ хъæуы иу большевик куы уыди, цымæ цы фæцис? Сосе йæ риу ма ныххойа, — Уый æз дæн, æз, Сосе, з’ыцы большевик! Уæд та йæм дохтыр ныллæг хъæлæсæй афтæ бадзуры: — Уæдæ кæд з’ый ды дæ, уæд дын æз дæ хъусы ахæм хос ауадзын кæндзынæн, æмæ дын æппындæр никз^ал срисдзæн. Дохтыр Сосейæн йæ хъзхы цыдæр марг ауадзын кодта, æмæ лæ- джы ныммардтой. Ацы хабар, цалдæр азы фæстæ рахъæр и æрмæст. Хъæр та сын æй мæрзæг ус ракодта. .Уьш.цур дохтыртæй иу иннæйы афарста, нæма, дам, ныккуыдз и уыцы хæрæг? Цы зонын ма йын хъуыди, Сосейы барæй кæй амардтой, уый. Ацы хъуыдытыл куы уыдтæн, уæд иу ахæмы афынæй дæн. Фыны уынын мæ фыд мæ уæлхъус куыд æрбалæууыд. Æз фырцинæй ни- цыуал зонын, фæрсын æй: — Дохтыр цы загъта, мæ цонг мын нæ алыг кæндзысты? Фыд мæм ницыма сдзырдта, афтæ мæ дохтыр мæ уæлхъус æрба- лæууыд. Æз фехъал дæн, уый мæ йемæ акодта, æмæ мын мæ цонгæн рентгенæй йæ ныв систой. Мæнæн мæ цонг бæтгæ нал кодтой. Æрмæст-иу мын æй цавæр- дæр хосимæ ’мхæццæ донæй ныхсадтой." Афтæмæй мæ цæстытæ дз^а- рыл баззадысты. Æнхъæлмæ кастæн мæ фыдмæ, з^ый та нæ зынди. Кзгыддæр-изг афынæй дæн, афтæ та-иу мæ фыд мæ уæлхъус æрбалæу- уыд фыны. Мæ цин-иу бирæ нæ ахаста. Æвиппайды-иу фехъал дæн, æмæ та — никз’ы мæ ницы, мæнæн та иу фырмæстæй мæ з<ердæ фæ- цæйтыдта. Æз ма афтæ дæр æнхъæлдтон, кæд мæ, зæгъын, хæйрæг хынджылæг кæны, æмæ та-иу фыны мæ уæлхъус куы балæууыд мæ фыд, уæд-иу æй æлгъитын байдыдтон. Æлгъитын æй куы райдыдтон фыны, уæдæй фæстæмæ йæ арæхнал уыдтон. Мæ дохтыр мæ цалдæр хатты кæугæ куы ’рбаййæфта, уæд ба"м- бæрста, мысгæ кæй кодтон, уыцы хабар. Дохтырæн мæ цахъхъæн 36
чызг уыди, телефонæй фæдзырдта, æрбакæнын æй кодта, æмæ изæрмæ мемæ фæхъазыди — зæды хуызæн рæсугъд, хæларзæрдæ чызг. Абон дæр мæ цæстытыл уайынц йæ хъулон къаба, йæ худгæ цæс- тытæ. Уыцы бонæй фæстæмæ-и}' дохтыр алы бон дæр йæ чызджы йемæ æрбакодта, æмæ-иу изæрмæ чызг мемæ хъазыди. Æз гыццылгай сах^’ыр дæн. Кæугæ нал кодтон. Фынæй дæр-иу адæн, фæлæ Хадо К5^ы нæ зынд, уæд мæ зæрдæ ахсайдта. Кæд, зæгъын, хъæуы исты æвзæр хабар æрцыд. Иу дæс боны фæстæ фæзынди фыд. Нæ фæткъуытæ, дам, тыд- там, æмæ, дам, сæ æрдæг тындæй куыд ныууагътаин. Уымæн, дам, ныффæстиат дæн. Мæ дохтыр нæ цурмæ æрбацыд, Хадойæн салам радта æмæ дзуры: — Дæ лæппуйы тæккæ абон сусæгæй акæн. Райсом ыл профессор практиканттæн операци кæнын кæны. Цонг хъуамæ ногæй асæттой, стджытæ, дам, раст æвæрд не ’рцыдысты, уый æфсонæй. Æз æй зо- нын, стæй йæ профессор дæр хорз зоны, цонг куы асæттой, уæд стджытæ нал байгас З’ьщзысты. Цонг лыг кæнинаг фæуыдзæн, фæлæ профессорæн цы у! Уадз æмæ, дам, практиканттæ кусын базоной. Мæ ныхæстæ мын макæй ц^ф срæди, æндæра мæ мæ куыстæй фæ- тæрдзысты. Иртагæн йæ цонг дзæбæх у, хъæдгом дæр йæхи ’гъда- }^æй байгас уыдзæн. Хадо бацыд рынчындоны сæйраг дохтырмæ æмæ йын загъта: — Мæ сывæллонæн йæ мад мæлæтдзаг рынчын у, йæ уындмæ бæллы, æмæ мын бар ратт, цæмæй йæ йæ мадмæ акæнон. Дохтыр мæ фыды афарста: — Дæ къух æрфысдзынæ, фондз боны фæстæ йæ фæстæмæ кæй æркæндзынæ, уый тыххæй? — Æрфысдзынæн. Хадо æцæгдæр, дохтыр цы гæххæтт бацæттæ кодта, ууыл йæ къз’х æрæвæрдта. Радтой мын мæ дзаумæттæ, аивтон мæ уæлæ чи уыд, уыдон æмæ рараст стæм нæ хæдзармæ. Куы цыдыстæм, уæд мæ дзæбæх чи кодта, уыцы дохтыр сылгой- маг Хадомæ йæ адрис радта æмæ йын загъта: — Дæ лæппуйы дын мæхи хъæбулау бауарзтон. Искуы-И5^ мæм æй æркæн, цæмæй йын йæхи дæр æмæ, йæ цонг куыд сдзæбæх и, уый дæр фенон. Хъыгагæн, мæ фыдæн адрис фесæфти, æмæ йын йæ куырдиат нæ сæххæст кодтам мæ дохтырæн. Мады лæггад мын чи фæкодта, уый иу хатт дæр нал федтон æмæ йын мæ сæрæй ныллæг нæ акз^ывтон. Иæ чызджы дæр ын никуыуал федтон. Фæндгæ та мæ зæрдиагæй кодта сæ дыууæйы фенын дæр. Ныр мæ цонг дзæбæх у. Фæлæ йæ састы бынат нырма бæрæг дары, æмæ мæ цонг кæй тыххæй асаст, стæй йæ лыг кæнын чи кодта æмæ йæ лыг кæнын чи нæ уагъта, з^ыцы адæмæй иу дæр мæ зæрдæйæ нæма схицæн. Стæй, æвæццæгæн, никуы схицæн з^ыдзæн. 37
Батыры хæддзæугæ Батыр мæ фыды хистæр æфсымæры лæппу уыд, йæ мад Душайау æлгъин æмæ хинæйдзаг уыдис. Æз æмæ Батыр æмгæрттæ уыдыс- тæм, цыдаид ныл цыппæргай-фæндзгай азтæ. Иу бон куы уыд, уæд Батырæн йæ мады ’фсымæр Уано хæддзæу- гæ куы саразид. Фæйнæджы лыггагыл разæй иу стырдæр цалх ба- кодта, фæсте — дыууæ гыццылдæр цалхы. Иннæ фæйнæджы гæппæ- лæй та йын разæй хæцæн æмæ здахæн сарæзта. Батыр-иу йæ хæддзæугæ, хъæуы фарсмæ цы къуыпп уыдис, уыр- дæм аласта æмæ-иу ыл уым хъазыд. Къуыппы сæрмæ-иу æй сласта, уым-иу ыл абадт, иу сæдæ метры-иу куы азгъордта, уæд-иу фæзмæ ныххæццæ æмæ-иу æрлæууыд. Батыр та-иу машинæ къуыппы сæрмæ къухæй сласта. Æз дæр та-иу йемæ ссыдтæн къуыппы сæрмæ, стæй та-иу куы абадти æмæ та-иу æй дæлæмæ куы ауагъта, уæд та-иу æз дæр йæ фæрсты адугъ кодтон дæлæмæ. — Æз ын лæгъстæ кодтон, цæмæй мæм æй авæрдтаид æмæ йыл æз дæр рауагътаин мæхи, фæлæ йæм мæ ныхæстæ нæ хъарыдысты. — Цæй афтæ бакæнæм, Иртаг: абон мын ды мæ хæдтулгæ æнæхъæн бон хæрдмæ лас, æмæ дæм æй райсом иу хатт авæрдзынæн. Æз сразы дæн, æмæ йын йæ хæдтулгæ æнæхъæн бон мæ хид- калгæ хæрдмæ фæластон. Изæры хæдзармæ куы бацыдтæн, уæд мæ фырфæлладæй хæргæ дæр ницыуал акодтон, афтæмæй æд пысултæ тъахтиныл ныффынæй дæн. Фыны уынын: фæтæхын Батыры хæдтулгæйыл уырдыгмæ схъæл- бадгæйæ. Мæнæ ныххæццæ дæн фæзмæ, уым мæ фыд хос кæрды, æмæ йæ фæрсты атахтæн. Фыд ме ’рдæм фæзылд æмæ йæ мидбылты æхсызгон х^^дт бакодта. Уалынмæ фæхæццæ кæнын мады цурмæ дæр — уый та хос ссивгæ кодта уым. Мæ мад ме ’рдæм к}^ы фæкаст, уæд ын æз йæ тарст цæстытæ ауыдтон æмæ фехъал дæн. Фырцинæй æнæхъæн æхсæв нал бафынæй дæн. Райсом раджы бацыдтæн Батыртæм,райхъал æй кодтон æмæ аластам хæдтз’лгæ къуыпмæ. Батыр мæнæн нæ бацамыдта, йæ хæдтулгæйæн уромæн кæй уыд, уый, æмæ уырдыджы куы атахтæн, уæд тынг арæуæг, иу дзыхъхъы амидæг. Хæдтулгæ фæфæлдæхт. Æфсæн цалх мын мæ синтæ ахæм цæф ныккодта, æмæ фæсур дæн. Мæхи кз’ы ’рымбæрстон, уæд мæ згæлхъ}^с лæз^уыд Батыр. Фыр- цинæй рагæпп-багæпп кодта. Хъæрæй хз^дти, кæл-кæл кодта. Мæ- нæн та мæ хъæлæсæй сыбыртт нал хъуысти, дзурын нал фæрæзтон. Æз фæтарстæн, цæрæнбонты æгомыгæй куы баззайон, уымæй, æмæ æнæхъæн бон хъæз^гæрæтты кæугæ фæрацу-бацу кодтон. Мæ цæстытыл уадис, мæ мад мын мæ цонгыл куыд ныххæцыд къуыппыл æмæ мæ нæхимæ куыд ласта йæ фæдыл, æз та мæхи куыд атыдтон æмæ кукд лыгътæн къуыпмæ. ’ Изæрырдæм мæ хъæлæсæй ныхас куы схаз^д, уæд фырцинæй 38
ницыуал зыдтон. Бацыдтæн нæ дыргъдонмæ, чылауитæй мæхи дзæ- бæх бафсæстон æмæ хæдзармæ сфардæг дæн. Мæ мад мæ куы ауыдта, уæд хъæрæй ныккуыдта: — Кæм дæ, кæм, мæ хъæбул, æнæхъæн бон мæ мæгуыр сæр куы- ройы цалхау куы разылд дæ мæтæй!. Цал хатты дын загътон, йæ мадмæ цы сывæллон нæ хъуса, уый йæ сæрæн фыдбылыз кæны. Æмбисондæн куы баззад: «Йæ мады разæй цы уæрьнск лидза, уый бирæгъ хæссы». Æз куы рахъомыл дæн, уæд бамбæрстон, уæрыччы хуызæн кæй уыдтæн, бирæгътæ мыл бирæ ’мбæлди, фæлæ хæрын никæмæн ба- куымдтон. Душа æмæ Батырæн хорзы йеддæмæ æвзæрæй никуы ницы сарæзтам. Уыдон дæр куыд фæстагмæ сæ зылын бамбæрстой æмæ-иу мæ хатыртæ куырдтой. Æз та-иу алы хатт дæр мæхи аххосджын кодтон, мæ мадмæ кæй нæ хъуыстон, уый тыххæй. Мæ велисопед Мæ фыд мын алы аз дæр зæрдæ æвæрдта, афæдзы кæронмæ мын велисопед кæй балхæндзæн, уымæй. Фæлæ-иу афæдзы кæрон æрхæццæ, æмæ та — велисопед нæй. Æмæ та-из’ кæуынхъæлæсæй бафарстон фыды: — Кæм и-и-и мæ вело-о-о? Фыды фæндгæ бæргæ кодта, фæлæ иууыл хæсты мидæг уыдис, æмæ йæ къух нæ амыдта, мæнæн велисопед балхæдтаид, уый. Мæ фыдæн йæ бон куынæуал уыд мæ хъуыр-хъуырмæ хъусын — стæй тæрсгæ дæр кодта, хуыгæс йын куынæуал акомон, уымæй,уæд райста кæмæйдæр хæс. Иу сæрдыгон бон, хуыцаубоны, мæ акодта Гурмæ æмæ мын балхæдта велосипед. Изæры куы ’рбаздæхтыстæм æмæ нæ хъæуырдæм куы ауырдыг кодтам, уæд кæсæм: фæндагыл кæрæй-кæронмæ адаргъ сты æртæ хъæуы адæм — здæхтысты базарæй. Хадо мын мæ хъусы бадзырдта: — Абад ма дæ велосипедыл æмæ ацы адæмы рæзты атæх, уадз æмæ дæм де ’мбæлттæ хæлæг кæной, Æз дæр дын абадтæн фьпщаг хатт мæ велисопедыл æмæ йæ зъщы хъалхз^ызæй фæтæрын. Разæй чи цыд, уыдоны цурмæ куы ныххæццæ дæн, узед цалхы раз дзф фæцис, цалх фæзылди, велисопед фæхъил, мæ- хæдæг размæ атахтæн, адæмы раЗ дæлгоммæ мæ цæлхъ фæцыд æмæ мæ былты туг акалд. Мæ фыд дæр æмæ мæм адæм дæр кæсгæйæ баззадысты. Мæнæн мæ былтьг тз^г калд, фæлæ мæ уый мæт нæ згыд — мæхи кæй фæхъал кодтон, стæй кæй ахаудтæн, уыцы хъувддæгтæ мæм афтæ бахъардтой, æмæ зæхх куы аскъуыдаид æмæ уым куы ныххау- даин, з’ый дæр мæ æрфæндыд. Ныр мæм абон дæр дцс фæкæсы, мæ.фыд мæ велисопедыл бадгæ куы никз^ы федта, уæд афтæ цæуылнæ ахъуыды кодта: «Æнахз’ырæй уæд та ахаз^дис?». Намæ мæхæдæг та куыд нæ ахъз^ыды кодтон, ве- 39
лисопедыл æнахуырæй афтæ абадын кæй нæй, уз^ыл. Фæлæ лæг куы фæхъал уа, — цæмæй фæнды фæхъал зга, цас фæнды фæхъал уа, — хорз ын нæ разгайдзæн. Уый — ныр бамбæрстон æз.— æрдзы æнæ- ивгæ æгъдау у. Мæ хьулон уæрццытæ Уæд ма мæ фыд колхозы сæрдарæй кзгыста. Мæныл цыдаид иу- фондз азы. Иу тæвд бон хъæуы лæгтæ Дæлвæзы хоры хз^ым карстой æмæ з^ьщы хъæлдзæгæй зарыдысты. Æз сæм, нæ разы цы тзтабæлас з’ыдис, уый цъуппæй кастæн æмæ хъз’ыстон. Дæлвæз хæстæг нæ уыд, фæлæ мæм сæ цæвджыты ’хситт дæр хорз хъзпысти æмæ сæ зарын дæр. Æвæццæгæн бæласы цъуппыл кæй з^ыдтæн, зъшæн афтæ зъщ. Æз бæласæй æрхызтæн æмæ Дæлвæзы балæуз’ыдтæн. Лæгтæн сæ рæтты уыди уæрццытæ. Мæ- нæн мæ рон айдзаг кодтой зпыцы рæсугьд хъз’лон уæрццытæй. Мæ галиу къз^хæй мæ мæ хæдоны хъз’ырыл фидар ныххæцьш кодтой, мæ уæрц- цытæ кзгыд нæ стахтаиккой, афтæ, стæй мæ мæ рахиз къухæй та изг егьау уæрццы къæхтыл ныххæцын кодтой, афтæмæй мæ рарвыстой нæхимæ. Мæнæн мæ цæстытæ фырцинæй цæхæртæ калдтой. Мæ цæсты- тыл уади, мæ мады раз куыд лæз’дзынæн мæ рæсугъд хъз’лон уæрц- цытимæ. Тæхын, мæ размæ нал кæсын афтæмæй. Иу ран мæ къах цæуылдæр скъз’ырдтон, мæ къз’хтæ размæ ахастон, фæдæлгоммæ дæн, мæ къухы цы згæрцц уыди, уый дæр феуæгъд и, иннæтæ дæр фæй- нæрдæм ныппæрæстытæ кодтой. Æз ма сæ кæугæ-кæуын бирæ фæ- расур-басур кодтон, фæлæ дзы мæ къухы иу-дæр нал бафтыд. Дыккаг бон дæр та ныццыдтæн лæгты цурмæ æнкъардæй, мæ кæуын — мæ былалгъыл. Лæгтæ хабар куы базыдтой, уæд’сæ кæр- дын ныууагътой, фæйнæрдыгæй мæм кастысты. Чи мæм хз’дгæбы- лæй касти, чи— мæстыгæрæй. — Хæдзары ракодтай дæ хабар? — бафарста.мæ нæ сыхæгты лæг Матиоз. Æз дзургæ ницы скодтон, мæ сæр батылдтон: «нæгъ». — Хæлиз^дзых! — йæ дæндæгты ’хсæнты ралæмæрста, йæ фарсмæ чи лæууыд, уыцы чырынтæхæдонджын лæппу-лæг. Æз æй нæ зыд- тон. Кæд нæ хъæуккаг нæу’ыд, уæддæр нæ зонын. Уæд мæм Хамзел — нæ бафале стыр кæрдойы бын чи цæры, уыдоны лæг сындæг-сындæг хæстæг æрбацыд. Куы мæм æрбахæццæ, уæд йæ ронæй райста, бынтон хъулон æмæ рæсугъд ’чи уыд, ахæм уæрцц, йæ дыууæ къахыл мæ ныххæцын кодта æмæ мæм дззфы: — Дзæбæх ыл хæц æмæ сабыр цу. Бамбæрстай?! Ай ма дын кзпы аирвæза, угед дыл мæ зæрдæ фæхзтщзæн.. — Стæй аздæхти Хамзел лæг- тæм: — Уæдæ нæм хоры хуыммæ .’рцыди æмæ йæ афтæмæй куыд аз’адзæм! Æз рацыдтæн, уæрццы къæхтыл хæцыдтæн, тырысайы хъæдыл куыд фæхæцынц, афтæ. Æмæ йæ хæсгæ дæртырысайы хаст кодтон мæ рæсугъд хъз’лон уæрццы. 40
Цæхæратæ Джеуæргуыбайы бæрæгбон æрцæйхæццæ кодта. Уазал кæнын райдыдта, мит дæр рауарыд. Уыцы рæстæджы дын иу уазал, цъыф, дымгæ бон Иртаг æмæ Гигойы сæ фыд быдырмæ акодта колхозы цæхæра къахынмæ. Уæд Иртагыл цыппар азы цыди. Гигойыл та æхсæзмæ ’ввахс. Хадо фæндаджы фæйнæфарс дьгууæ раны стыр дуртæ æрæвæрд- та. Систа йæ ронæй дыуз’æ гыццыл рæсугъд тырысайы, æрсагъта сæ дурты астæу комкоммæ рындзыл æмæ йæ дыууæ лæппумæ дзуры: — Ацы тырысатæн сæ из’ыл фыст ис æвзонг Стахановон №1, ин- нæйыл та. — æвзонг Стахановон №2. Æз цæхæра къахдзынæн, сымах сæ фæндаджы былмæ хæсдзыстут, æмæ сæ хицæн рæтты калдзыс- тут, дыууæдз’ры цур. Изæры уæ кæй кæри стырдæр раз’айа, уый уæлахизыл нымад æрцæудзæн æмæ йын ратдзынæн тырыса №1, ин- нæмæнта №2. Райдыдтой кз’сын. Цæхæра афтæ ныннæрст, æмæ дзы сывæллæттæ сæ гыццыл къухты фæйнæ цæхæрайæ фылдæр нæ фæрæзтой. Æмæ- иу цалынмæ Гиго иу цæхæра хаста, уæдмæ-иу Иртаг дыккаг цæхæра æрбадавта. Хадо касти йæ лæппз^тæм, æмæ йæ зæрдæ рыстис, з^ыцы уазалы сывæллæтты кæй удхарæй мардта, уый тыххæй. Æгæр стыр зæххы хай райста. Хорз æм базылдис йæ рынчын бинойнаг æмæ йæ чысыл сывæ ллæттимæ. Куы æризæр, уæд Иртаг цæхæрайы кæритæм джихæй кæсы, æмæ Гигойы кæуынхъæлæсæй фæрсы: — Гиго! Абондæргъы æз дæз^æй дыууæ хатты фылдæр цæхæратæ куы фæхастон, згæд дæ кæри мæ кæрийæ стырдæр цæмæн у-у-у!? — Уымæн, Иртаг, æмæ ды лыстæг цæхæратæ хæссыс, æз та — ставд цæхæратæ,.— загъта хинæйдзаг хъæлæсæй Гиго. Иртаг куыддæр фæгуырысхо Гигойы ныхæстыл, æмæ та азгъорд- та мæстыйæ цæхæратæ хæссынмæ. Иу зылд фæкодта фæстæмæ æмæ аз’ыдта: Гиго Иртаджы кæрийæ йæхи кæримæ калы цæхæратæ. Ир- таг хъæрæй ныббогъ кодта: — Хадо! Хадо! Акæс-ма, уалæ мын Гиго мæ кæрийæ йæхи кæ- римæ цæхæратæ куыд калы! Уæд Хадо Иртагмæ адджын хъæлæсæй дзуры: — Ма кз^! Ма мæсты кæн, Иртаг. Æз уæн абондæргъы сусæгæй мæ хъус дарын. Фæндвдш мæ, кæмæн уæ цы з^дыхъæд ис, з^ый хз^ыз- дæр базонын. Тигойæнбарæй ницы загътон, дæз’мæ та æнхъæлмæ кастæн, æндæра зæгъын Гигойы хинæйдзаг митæ базонис æви нæ. Гиго ма йæхи рæстытæ кодта, йæ цæстытыл зынди| сайгæ\кæй кодта, фæлæ йæ Хадо хынцфарст нал бакодта. Систа №2 тырыса æмæ йæ Гигойы риуы дзыппы мæстыйæ æртъыста, №1 тырыса та Иртаджы дзыппы æртъыста йæ мидбылхудгæ. ; Иртаг кæд гыццыл уыд, уæддæр дæсы онг нымайын зыдта, стæй 41
йын фарон, сывæллæтты бригады бригадир Саба дæр хоры ’фсирты уидзынæй куы фæуæлахиз, уæд ахæм тырыса радта. Базыдта фыц- цаг бынат кæй райста, уый, æмæ кæд тынг фæллад уыд, уæддæр фырцинæй хæрдмæ тæппытæ кæнын райдыдта. Изæры хæдзармæ куы араст сты, у’æд Хадо разæй цыдис, йæ бел йе ’ккой, афтæмæй. Хадойы фæстæ Гиго къæмдзæстыгæй цæуы, сæ фæстæ та Иртаг — йæ дыуз^æ къухы фæйнæ цæхæрайы, афтæмæй. Иртаг афтæ тынг бафæллад, æмæ цæуын дæр нал фæрæзта. Йæ хъуыр-ныссур; улæфын йæ бон нал уыд, æмæ йæ бынаты æндзыгæй баззад. Уыцы рæстæджы Хадо фæстæмæ фæкаст, азгъордта, Ирта- джы йæ хъæбысы фелвæста æмæ йæм дзуры: — Ацы цæхæратæ та цæмæн рахастай? Колхозы фæллойæ давæн нæй! Стæй давын кæцæй фæнды дæр худинаг у, мæ хъæбул! Æмæ йæ абонæй фæстæмæ зон. Нæ хъæзгккаг Хашико æртæ цæхæрайы тыххæй æртæ азы ахæстоны фæбадт. Иртаг ма афтæ бахъз’ыр-хъуыр кодта: — Æз сæ давгæ нæ кæнын. Хуыбылон афтæ загъта, ногкъахт цæ- хæрайы дон, дам, зæрдæнизæн хорз æххуыс кæны. Хъз’амæ сæ сфы- цон, æмæ сын сæ дон гыццийæн бадарон, цæмæй адзæбæх уа. Нæхи уæрмы’цы цæхæратæ ис, зъщонæй ахæсдзынæн колхозы цæхæрадонмæ. Хадо Иртагæн ницыуал загъта, фæлæ Иртаг куы афынæй, уæд аджы сæхи цæхæратæй сæвæрдта, Иртаджы цæхæратæ та фæстæмæ колхозы быдырмæ ахаста æмæ сæ цæхæрайы кæримæ баппæрста. Мæ велосипед æмæ балты кьалати Иртаг та азы дæргъы бирæ фæгæппытæ кодта «Хеви-доны» æмæ «Тъор- тъла-доны» сæрты йæ хуыты фæдыл, æмæ сфæлтæрдта. Уæдæ згьоргæ дæр афтæ: цалынмæ-иу æм йе ’фсымæр скъолайæ быдырмæ ныццыд, уæдмæ йын, хз’ытæ кæмæн ныз^уагътаид, уый нæ^уыд, стæй-из’ æрæджы кодта æмæ та-иу æй згъорын бахъуыд æртæ километры, æмæ йæ мæллæг зæнгтæ сфидар сты. Йæ фыд ын цы велосипед балхæдта «Ласточка», З^ый дæр ын хорз разынд, æмæ йыл чи хъуамæ фæтых уыдаид. Иу бон та дын Иртаг колхозы хуытæ хизы «Тъортъла-доны» был- тыл, бадыиугыццылкъуыппылæмæчиныджыкæсы. Касткз’ыфæци, уæд чиныг йæ дзæкъулы нывæрдта æмæ хз’ытыл йæ цæст ахаста. Хуытæй иу дзæргъ донæн йæ фаллаг фарсмæ бахызт æмæ Нигозайы колхозы дыргъдоны балты бын хизы. Иртаг дардæй йæхи рауагъта, асæррæтт кодта доны сæрты, дзæр- гъы расырдта, фæлæ йæхæдæг бæллæхы бахауд. Дыргъдоны-иу стыр сæрдыгон бал йæ тæккæ рæгъæдыл з^ыд, æмæ гагаты сырх рзтаыл хуры тынтæ хъазыдысты. Балбæлас йæ. фырзад æмæ рæгъæд сырх балтæй афтæ рæсз^гъд зынд æмæ фæйнæрдæм цæхæртæ калдта. Иртаг райсомæй дæр ницы ахордта, йæ зæрдæ нал фæлæуз’ыд æмæ бæласмæ куыддæр сбырыд, афтæ хъалагъур Сикъо йæ тæккæ бын алæууыд. 42
Иртагмæ топп ысдардта æмæ йæм дзуры: — Æрхиз бæласæй, æмæ дын, уартæ доны фаллаг фарс цы вело- сипед ис, уый ардæм æрбатул æмæ дæ ауадзон, кæннод дæ мили- цæмæ акæндзынæн. Иртаг йæ велосипед æрбатылдта Сикъомæ æмæ йын балæгъстæ кодта, цæмæй йæ макæмæн радта. Иу мæйы фæстæ, дам, дын æхца схæсдзынæн, æмæ, дам, мын-иу фæстæмæ ратт мæ велосипед. Изæры Иртаг хуыты куы еыскъæрдта, уæд йæ кæстæр æфсымæр Асланы велосипедыл хъазын фæндыд æмæ йæ куынæуал з’агъта, уæд ын хъуыддаг рахабар кодта: — Аслан ацы хабар макæмæн схъæр кæн, иу мæйы фæстæ йæ фæс- тæмæ балхæндзынæн æмæ йæ из’уылдæр дæуæн балæвар кæндзынæн. — Хорз, фæлæ мæ куы фæсайай, уæд æй зон... Иртаг-иу алы хуыцаубоны базармæ йе ’ккой алыхуызон дыргътæ ахаста, фæлæ-иу ын дзы ничи ницы балхæдта, æмæ та-иу фæстæмæ афтидæй æрбаздæхт. Йæ дыргътæ та-иу базары зæрæдтæн æмæ сы- вæллæттæн байуæрста алы хатт дæр, йæхæдæг та-иу зырзыргæнгæ хъз’ыста Асиаты æртхъирæнтæм. Иртагæн кæд йæ рæсзчъд велосипед алы минз^т дæр йæ цæстытыл уад, æмæ^иу æй фыны дæр арæх З’ыдта, уэеддæр æй велосипеды маст нал уыд. Йæ цæрæнбонты никуы никæмæй ницы радавта, æмæ йæ ныр Аслан куы рахъæр кæна, уæд ма цы кæндзæни, йæ худинаджы хъæр айхъуысдзæн хъæз’ыл, æмæ ма куыд бакæсдзæн йæ мады цæстытæм... Ацы хъуыдыты куыд уыди Иртаг, афтæ фæкомкоммæ æмæ ауыд- та — скъолайы кæртмæ сæ физхъомылады ахуыргæнæг æрбаласта ног велосипед: «Ласточка». Растдæр Иртагæн йæхи велосипеды хуызæн. Иртаг куы базыдта, ацы велосипед сабаты скъолайы ерысты чи фæуæлахиз уа, з^ымæн дæтдзысты, уæд аскъуыддзаг кодта — цыфæн- дыйæ дæр хъз’амæ фæуæлахиз уа! Æрлæууыд сабат бон, æмæ райдыдтой ерыстæ. Ерыстæ уыдысты æртæ хуызы — сæдæ метр згъорынæй, дардмæ гæпп кæнынæй æмæ дыз^æ километры велосипедæй згъорынæй. Æртæ хуызы ерысты дæр чи фæуæлахиз з’ыдаид, уът абадтаид ног «Ласточка» —велосипедыл. Иртаг згъорынæй се ’ппæты разæй фæци, гæпп дæр дарддæр акод- та, фæлæ йæ рахиз къах фездыхст, ахаз^д, йæ ных дзфмæ æрхаста, æмæ йæ ныхы т^т йæ уæлæ æрлæсæнтæ кодта. Адæм Иртаджы ’рдæм фесты — иутæ йын йæ къах раст кодтой, иннæтæ та йын йæ ных хъз^амæ бабастаиккой, фæлæ уый йæхи атыд- та, абадти велосипедыл, йæ къах^рысти, йæ ныхæй йæ тз’г калди, аф- тæмæй асырдта ерысгæнджыты. Раздæр бæргæ бахæццæ, фæлæ ас- хъиудга велосипедæй æмæ тæрхонгæнджыты раз йæ тъæпп фæцыд. Ие ’мз’Д кзта ’рцыд, йæ цæстытæ куы байгом кодта,,уæд йæ уæл- хъус лæууыдысты: Хадо, Изо, ахуыргæнæг ног велосипедимæ æмæ Сикъо. Сикъо йæ галиу къухæй Иртаджы велосипедыл хæцыд, йæ рахиз къз’хы та уыд иу стыр къалати, балтæй йедзаг, афтæмæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй Сикъо куы базыдта, Иртаг хорз лæппу у, З’ый, стæй хорз ахуыр кæны, у^Д йæ зæрдæ йæ митыл æрхз^дт, 43
æмæ йын йе велосипед ерыстæм фæстæмæ æрласта, йемæ адджын балты къалати. Иртаг ерысты кæй рамбылдта, уыцы ног велосипед йæ кæстæр æфсымæр Асланæн балæвар кодта, йæхионыл та йæхæдæг разгъор- базгъор кодта. Былты цæф Æхсæзæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд нæм æвдæм къласмæ æрбацыд æртæ гуырдзиаг лæппуйы. Сæ нæмттæ хуындысты лæппу- тæн Хотъо, Хахя æмæ Парцо. Лæппутæ, авд ирон хъæуæй цы лæп- путæ цыд скъоламæ, уыдонæн сæхи схицау кодтой. Нæ туг нын дой- ныйæн ныз’æзтой. Ахуыргæнджытæ дæр сæм ницы дзырдтой. Сæ ных сын нæ къуырдтой. Тæрсгæ сæ кодтой, æви уыдонмæ дæр сæ митæ хорз кастысты, уымæн ницы ’мбæрстон. Иу бон та фæсурокты скъолайы клубы бандæттыл æрбадтыстæм. Æнхъæлмæ кæсæм, киноныв кæд райдайдзæн, зъшæ. Уæдмæ кæцæйдæр фæзындысты гуырдзиаг лæппутæ. Аракæс-бакæс кодтой фæйнæрдæм, æмæ — афтид бынат никуы. Сывæллæттæй бандæттыл цас бадт, уымæй фыддæр та лæугæ кодта. Алы бандоныл дæр бадт цыппар сывæллоны. Хотъо йе ’мбæлтты хъусы цыдæртæ адзырдта, æмæ æртæйæ дæр хъæрæй ныххудтысты. Уый фæстæ-иу бацыдысты, ирон сывæллæттæ цы бандоныл бадтысты, уымæ. Хотъо кæронæй тыхтъыст æркæны йæхи, Хахя æмæ йыл Парцо анцайынц, ирон сывæллæттæ пъолмæ азгьæльшц, æмæ сын сæ бынæтты гуырдзиаг сывæллæтты æрбадын кæнынц. Мæнмæ куы ’рбахæццæ сты, уæд æз рахиз къухæй бандоны кæ- рон ацахстон, æмæ йыл ныддæвдæг дæн — нæ йæ суагътон, цалынмæ кино фæци, уæдмæ. Хотъо мæ фарсмæ бады æмæ ме ’рдæм æнцайы. Хотъойыл æнцайы Хахя, Хахяйыл та — Парцо. Мæнæн мæ рахиз уæраджы фæлмæны нынныхст, мæ дзæкъулы цы ручкæ уыд, уый. Мæ }^д схауы фыр рыстæй, туг сæх-сæх кæны, з’æддæр нæ оасастæн — не сз^агътон мæ къух æмæ нæ сыстадтæн бандонæй. Кино куы фæци, куы сыстадтæн, уæд ручкæ мæ уæраджы афтæ арф ныхст уыди, æмæ ма йæ тыххæйраластон. Хæдзармæ кз^ы бацыдтæн, уæд мад йæ цъæхахстæй нал æнцади, йæ цæссыгкалгæ мæ фæрсы: • — Цы та кодтай лæппу? Æгасæй дæ туджы кз’ы сæвдылдтæ? — Ма тæрс, гыцци, ницы мын з^ыдзæн. Мæнæ фæндагыл фæбы- рыдтæн æмæ. ручкæ мæ уæраджы фæныхст. — Гъомæ мын цы хуызæн æнамонд хъæбул дæ! Дæ гыццылæй фæстæмæ иу бæллæхæй нæма фервæзыс, афтæмæй иннæ де ’ккой куы абады! Мæ мад мын мæ хъæдгом арахъæй æрыхсадта, стæй мын æй хъуа- мæ хæцъилæй бабастаид, фæлæ йæ æз нæ бауагътон. Хъæдгомæй туг нал цыд, æмæ ма йæ, зæгъын, цæмæн хъæуы бæттын. 44
Уыцы ’хсæв æппындæр нæ бафынæй дæн. Хъуыды кодтон куыд райсон мæ маст. Æмæ ’рхъуыды кодтон: райсом мæ рахиз къухы армыдзаг тымбыл дойнаг дур урс хъуымацæй фидар бабастон, цыма мæ къух хъæдгом уыд æмæ уымæн баст уыд, уый хуызæн. Скъолайы размæ куы бахæццæ дæн, уæд кæсын — æмæ дз’арбахи- зæны æртæйæ дæр фæрсæй-фæрстæм . Ирон сывæллон куы фæцæй- хизы дуарыл, уæд ын йæ сæр радыгай æртъæпп кæнынц — афтæ-иу кодтой алы бон дæр. Æз кзгы бацæйхызтæн, уæд мæнæн дæр Хотьо мæ сæр нытъупп код- та, ныр та хъуамæ иннæтæ ныккодтаиккой фæйнæ тъуппы мæ сæр. Æз фæзылдтæн æмæ йын йæ былтæн мæ рахиз баст къухæй иу сыргъæвтон. Дур йæ былтыл бауад æмæ йæ былты туг акалд. Æз фæстæмæ фæзылд- тæн æмæ ралыгътæн. Фæсте ма мæм хъуысти лæппуйы богъ-богъ. Уыцы бонæй фæстæмæ-иу æртæ лæппуйы мæ фæрсты куы фæ- цæйцыдысты, уæд-иу мæм зулмæ æрбакастысты. Æндæр ницы. Нæ- дæр — дзургæ, нæдæр — лæбургæ. Этерæ æмæ Харчилы хьуыддæгтæ Æвдæм кълас куы фестæм æмæ нын номхуынды гæххæттытæ куы байуæрстой, уæд алчи цин кодта, æз та мæ цæссыг ныхъуырдтон. Пред- метты ранымады мын немыцаг æвзагæй уъцщ «цыппар». Кз’ы аза>щтон уьщы «цыппар», уæд мæ цыма исчи арцæй ныррæхуыста, уыйау фæдæн. Мæ бæллицтæн мын сæ хъуырыл бахæцыд Этерæ-ахуыргæнæг. Уый мах гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйыл ахуыр кодта, фæлæ скъолайы немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг нæ.уыд, æмæ немыцаг са- хæттæ дæр уымæ радтой. Педсоветы, дам, ахуыргæнджытæ йемæ фæхыл сты: лæппу, дам, дæуæй хуыздæр куы зоны немыцаг æвзаг, уæд, дам, ын цæй тыххæй æвæрыс, агъæца, «цыппар», фæлæ уыдо- нæн дæр нæ басаст. Йæхи фæнд, дам, атардта. Ирæтты кæй нæ уарзта Этерæ, уый йæхицæн дæр хорз нæ рауад. Æхсæзæм къласмæ куы цыдтæн, уæд-иу бирæ урокты йæ цæстысыгтæ ныггæр-гæр кодтой, стæй-иу зфок æрдæгыл фæуагъта, афтæмæй-иу кæугæ-кæуын алыгъди къласæй. Мах дис кодтам, цæмæн афтæ кæны, зæгъгæ. Уый фæстæ базыд- там Этерæйы хабæрттæ: Цæвиттон уыцы рæстæджы Этерæ нысан райста ирон лæппуйæ — хæрзконд, хъæздыг, ахз^ыргонд чи уыд, ахæм лæппуйæ. Къодисцхъаройаг гуырдзиæгтæм уыд ахæм æгъдау: иугæр-иу нысан райстой, згжд-иу æхсæвы хъуамæ лæппу баззадаид йæ каисты хæдзары. Этерæйы хъуыддаг афтæ рауади. Нысан куы райстой, уæд лæппу уыдонмæ баззади з^ыцы æхсæв. Этерæйы зæрдæмæ куыннæ фæцыда- ид! Фæлæ йын кæддæр бонивайæнты афтæ зæгъы: ■— Хорз лæппз’ дæ. Гъеныр ма гуырдзиагыл куы ныффыссис дæхи, уæд бынтон хорз уаид. 45
— Уый та куыд гуырдзиагыл? — Цыма ирон нæ дæ, фæлæ дæ гуырдзиаг. Кæннæуæд ирон цы- фæнды куы феста, з^æддæр ницы ахады цæсты. Лæппу дæр фæтæргай. Йæ нысан сын лæвар ныууагъта, йæхæ- дæг сæм æввахс нал æрбацыд. Этерæ та йæхи кæуынæй мардта. Уыцы сæрды нæм иу сабат изæры Тбилисæй æрхæццæ мæ фыды хойы лæппз’ Харчил. Харчил мæ фыдмæ дзуры: — Æз лæппз’йы акæнон мемæ æмæ йæ искуыдæм баппарон. Фæлæ æхца, хъæуы æхца, æхца! Фыд искуыдæм баппарыны коймæ бацырд и. — Уæртæ скъæты цыдæриддæр ис — иууылдæр сæ райсом атæр Гзфмæ, ауæй сæ кæн, æмæ дын — æхца. Æцæг хъуджы ма акæн. Хъзтæн уæйгæнæн нæй. Уый нæ дарæг у. Уый куы нæ уа, з’æд аскъуый- дзыстæм гыццылæй-стырæй. Харчил скъæты иу карк дæр нал ныз’уагъта. Цыдæриддæр баййæф- та хъуджы йеддæмæ — из’уылдæр сæ ныууæй кодта, æхца йæ дзыппы нытътъыста. Дыккаг бон мæ Харчил йемæ акодта Тбилисмæ. Цæргæ, йæ ка- истæ йын цы къаннæг зæронд хæдзар радтой, згым кодта, йæ гуыр- дзиаг бинойнаг Неликъоимæ. Цы дыууæ лæппу йын уыди, уыдон дæр ын хъомыл кодтой йæ каистæ. Сæ хæдзары иу хуыссæны йеддæмæ нæ З’ыди, æмæ-иу æз хуыс- сыдтæн уыдоны сынтæджы фарсмæ астæрды уæлæ. Æхсæвы-из’ се змæлынмæ æмæ сæ улæфтытæм мæ цæстытыл хуыс- сæг не ’рхæцыд, æмæ-иу бон цы кастæн, уымæй мæ сæрмæ ницы хызт. Афтæмæй цæттæ кодтон мæхи фæлварæнтæм. Харчил-иу рай- сомæй ацыди Неликъоимæ æмæ-иу изæры æрцыди. Кæд-иу мын дззгл æмæ пъæмидортæ æрхастой семæ, уæд хорз. Цы ми кæнын, уымæн дæр ницы зыдта, кæдæм радтбн мæ гæххæтттытæ, уымæн дæр. Стæй æрцыди уыцы бон — фыццаг фæлтæрæны бон. Æмæ дын Этерæйы хистæр хо Наирæ куы разынид фæлварæнгæнæг. Уыцы бон «дыууæ» райстон æмæ фервæзтæн мæ фыдæбонæй. Харчил уый кзпы базыдта, æмæ мæм æхца нæй, уæд ын æндæр гæ- нæн нал уыд, Радта мын фæндаггаг æхца æмæ мæ рарвыста нæхимæ. Нигозайы бын автобусæй æрхызтæн æмæ араст дæн æнкъардæй нæхирдæм. Сæрдыгон тæвд бон. Хур нындæвта, быдыры адæм бын- дзытау змæлынц. Сæ цæхæрадæтты сæ кзтастытæ кæнынц. Чи сырх балтæ тоны, чи — урс балтæ, чи сау æхсынцъы тоны, чи — бур æхсын- цъы, чи цæхæрайы сыфтæ тоны, чи — кæрдæджытæ. Æз «дыз’уæ» æнæхъуаджы кæй райстон, уый мын афтæ зын уыдис, æмæ Тъортла-доны мæхи хъз^амæ баппæрстаин. Цæзтæ-цæуын æрдæг фынæй адæн, æмæ уынын: Орхгьосаны сæрмæ Кавказы хæхтыл бæрзонд, цалдæр уæладзыгон хæдзары. Æнæхъæн горæт фæйнæрдæм йæ базыртæ айтъпъта. Хæдзæрт- тæн сæ тæккæ бæрзонддæр сæрыл стыр цырагъ судзы, раст хуры йас, йæ цæхæр калы хуссары ’рдæм. Земехъуры Уастырджийы кувæндоны сæрыл лæз’З’ы урс дарæсы урс боцъоджын лæг æмæ мæм дзуры: 46
«Гъе, лæппу, худинаг, худинаг! Гыццыл дæ къах скъуырдтай æмæ — донмæ! Æмæ ахæм лæг кæм и, æмæ йæ цард сойыл цæуæгау кæмæн цæуы?! Нæй ахæм лæг». Лæг ма ноджыдæр цыдæртæ дзырдта, фæлæ сæ нал фехъуыстон — фехъал дæн. Фехъал дæн — æмæ мæнæ мæ размæ Уацирæт. Уацирæт... Æмæ ма мæхи доны баппарон, уыцы хъуыдыйæ фæир- тæстæн. Æмбæхстытæй хьазт Душа мæ фыды хистæр æфсымæры ус уыдис, фыдсыл ус. Йæ лæг хæсты фесæфт, æмæ иунæгæй цыппар сывæллоны хъомыл кодта — дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызджы. Уыдонмæ чидæриддæр цыдис, уыдонæн сæ фæндаг мах хæдзары рæзты уыдис, æмæ иу сæ нæ мад æрбахуыдта мидæмае. Мæ фыд дæр-иу нæхи хæдзары куыстытæ ныу- уагъта, æмæ-иу Душайæн æххуыс кодта. Нæ мадмæ-иу хыл кодта Душа: — Зæлда, æз дæ хуызæн æдылы ус никуы федтон: Иубоны цар- дæй цæрыс, бæркадхор дæ. Искуыдæм хуын куы фæцæйхæссыс, уæд дæ тæбæгъы маргъы ’хсыр дæр вæййы, йæ быны дæ астæу ныкъæдз вæййы. Мæнæн мæ лæг мæ уæлхъус нæй, фæлæ мæ бинонтæ къæбæр цух никуы фесты. Дæуæн дæ лæг дæ уæлхъус, бинонтæй дæр махæй фылдæр не стут, афтæмæй ахæм къуыри никуы уыди, æмæ ды дæ къусимæ ссадгур ма зилай хъæуы! Нæ мад тынг барон адæймаг уыд, фæлæ йын иу хатт афтæ бакодта: — Цы саразон, æз ме ’дылы мадыл сахуыр дæн, ды та дæ зондджьш мадыл. Ныр махæн аивæн нал ис, æмæ дзæгъæлы мауал загъд кæн. Æз кæд искæмæй иу къус ссад æфстау рахæссын, уæд ын фæстæмæ та дыууæ къусы бахæссын. — Гъомæ дын æз дæр уый дзурын, цæмæн хæссыс иу къусы бæс- ты дыууæ къусы! Æнæуи кусаг адæймаг уыди Душа. Æппьшдæр фæллайьш нæ зыдта. Уыцы зымæг мын йæ лæппутæ Зура æмæ Батыр нæ кæрчыты æйчытæ æмбулыныл фæцалх сты. Мæныл цыдаид иу-æхсæз азы. Батыр ме ’мцахъхъæн уыд, Зура та йæ æртæ азы хистæр уыд. Хъазгæ- иу уыдон хæдзары кодтам, хъазгæ та кодтам æмбæхстытæй. Æз-иу куы бамбæхстæн, уæд-иу уыдрн кæрæдзийæн ацамыдтой мæ бынат, æмæ алы хатт дæр æмбылды кодтон æз. Душа иу йæ митæ кодта, афтæмæй иу йæ хъус сусæгæй дардта куыд хъазæм, уымæ, стæй-иу уый к^ы базыдта мæнмæ айк нал и, уæд-иу мæ загъды бын фæкодта: — Иæхæдæг йæ уроктæ ацахуыр-кæны, стæй æрбацæуы æмæ мын мæ сывæллæтты хъазыныл бацардæуы. Стæй йæхæдæг фондзтæ рай- сы, адон та дыууæтæ. Ничи кæсы ацы æнæрæгъыдзыдмæ! Уый фæстæ-иу хуыцаубон куы ’рцыд, уæд-иу базармæ ацыд — уыйæппæт карчы æйчытæ ауæи кодта æмæ-иу уæззау хæссинæгтимæ 47
æрбаздæхти. Æз та-иу фырмæстæй æхсæв фынæй нал кодтон, фыд- дæр маст кодтон карчы æйчытæ сусæгæй кæй хастон, æмæ мын сæ афтæмæй кæй æмбылдтой Зура ’мæ Батыр, З’уыл. Уалдзæджы ’рдæм æй нæ мад базыдта, æз æйчытæ кæй давтон уый, фæлæ мын комкоммæ никуы ницы загъта. Барæй-иу афтæ ба- кодта, мæнæн, дам, мæ хъæбултæ сусæгæй ницæмæ бавналдзысты, абабау, дам, бæстæ, дам, куы 6асзгдза, уæддæр. Фæлæ мын згыцы бон загъта: — Иртаг, мæ хъæбул, нæ кæр^чыты æйчытæ нын чидæр давы æнæхъæн зымæджы дæргъы, æмæ ма йæм сусæгæй дæ хъус дар, чи у, уый базон. Æз мæ мады цæстытæм куы бакастæн, уæд афтæ фефсæрмы дæн, æмæ уьщы бонæй фæстæмæ мæ къух никуыуал ницæмæ фæкодтон сз’сæгæй райсьшы охыл. Къолозы бур бæх Нæ хъæуы дыууæазон скъола каст цы аз фæдæн, уыцы аз, сæрды хъæбысæй хæцгæ-хæцын мæ галиу къух асаст. Уыцы фæззæджы гуыр- дзиаг хъæу Къодисцкъаройы авдкъласон скъолайы æртыккæгæм къла- сы ахуырдзау кз’ы сдæн, уæд мын гуырдзиаг ахуыргæнджытæ æртæ боны фыдæвзарæнтæ фæкодтой. Уыдон афтæ кодтой: ирон хъæутæй иу сæм цы ахуырдзаутæ бацыд, уыдон-иу фæстæмæ фыццаг къласы сбадын кодтой. Се ’фсон-иу уый фæци — куыд æмбæлы, афтæ, дам, сæ нæ ахз^ыр кæнынц сæхи хъæуты, цæмæй уыцы хъæз’ты ирон скъо- латæ сæхгæдтаиккой. Куыд фæстагмæ сын æнтысгæ дæр бакодта: Хъарапинайы, Сæрибары æмæ Задытыхъæуы скъолатæ сæхгæдтой, æмæ сæ сывæллæттæ цыдысты Къодисцкъаройы скъоламæ. Афтæ- мæй та Сæрибар цыппар хъæуы астæу з^ыд, æмæ кæд.иу скъолайы йеддæмæ нал уагътой, уæд хъуамæ Сæрибары з^ыдаид уыцы скъола, æмæ йæм иннæ хъæзигæй цæугæйæ æнцондæр цæуæн уыдаид. Фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа! Кæд æмæ кæм з’ьщис рæстдзинад! Уыцы æртæ фыдæвзарæн боны куы фесты, уæд мæ фыдмæ фæ- дзырдтой ахуыргæнджытæ. Хадо куы ’рбаздæхт, уæд ын цы загътой, уый не схъæр кодта, фæлæ мын афтæ бакодта: — Æртыккæгтæм цæзщзынæ,' фæлаё дæхæдæг зоныс, раздæр куыд ахуыр кодтай, афтæ архай дарддæр дæр. Мæнæн, мæ цонг куы асаст, уæд уыцы тыхстыты чиныгмæ нал æркастæн, æмæ мæ цыдæртæ ферох и, стæй æфсæрмьгдæр кодтон — ног скъола, ног ахуыргæнджытæ, æмæ-иу мын ахз’ыргæнджытæ «дыз^- уæтæ» дæр нывæрдтой. Æз-иу» дыз^æ» кз^ы райстон, уæд-иу з’ыцы ’хсæв мæ цæстытыл хуыссæг нал æрхæцыд. Æхсæв-бонмæ иу мæ хуыссæны, куыд ничи мæ базыдтаид, афтæ ставд цæссыгæй кз’ыдтон. Мæ фыд-иу мæ, æвæц- цæгæн, базыдта, фæлæ-иу мын барæй никуы ницы загъта. Æртыккаг кълас куы фæдæн æмæ мæ бæрæггæнæнтæ иууылдæр 48
«фондзтæ» куы з’ыдысты уæд мæ фыд, джихауæй аззад, æрæджиау афтæ бакодта: — Уыцы куыйтæ та дæ фыццаг къласы бадык кодтой!! Æз мæ фыдыл ныттыхстæн — фыццаг хатт ыл ныттыхстæн æмæ хъæрæй загътон: — Зæххы цъарыл мæнæй хуыздæр фыд никæмæн ис!! Дæ руаджы мæ цонг мæ уæлæ баззад, ныр та дыккæгæм къласы бæсты цыппæ- рæм къласмæ цæз’дзынæн! Мæ фыдæн йæ цæстысыгтæ æркалдысты, йæ’къухæй сæм сæв- нæлдта. —.Бузныгдæуæнзæгъынхъæуьг, мæ.хъæбул,дыщьъзьщдзинæдтæ бавзæрстай... хуыгæс дæр цæуыс, ахуыр дæр кæньгс. Мæнæн мæ фыды ныхæстæ афтæ æхсызгон уыдысты,. æмæ уыцы сæрд ме ’фсымæртæй хуыгæс никæйуал ауагьтон.мемæ4. Æнæхъæн сæрд сæ иунæгæй фæхызтон. Фæлæ та мыл фыдбылыз фæцæйæм- бæлд. Мæ цæстытыл та уайы уыцы рæдыд хабар. . Уый та з*ьгд афтæ: Мæ фыд колхозæн сæрдарæй куы куыста, уæд æм? цьг бæх уыд, уый йæ хуьгзмæ гæсгæ уыди бзф, æмæ йæ хъуамæ хонгæ дæр кодта- иккой«б5ф бæх». Хонгæ та йæ кодтой Къолозы бурбæх. Бæх уьгдис тынг рæс}тъд. Йæ зæринхуыз хъуын дардмæ цæхæр калдта. Фæлæ Хадо сæрдары куыст куы ныууагъта,; уæд бæхы кол- хозæн балæвар кодта. Исчи, дам, афтæ’куы фенхъæла: — бæх колхо- зы у, æмæ йæ йæхи бакодта. Афтæмæй та, бæх йæхи уьгд, цхилойнаг лæг, йæ мадьг ’рвад Къолоз ын æй балæвар кодта. Мæ фыд-иу арæх дзырдта, Къолоз ын уыцы бур бæх куыд балæ- вар кодта, уыцы хабар. — Уæд ма мады ’рвад цхилойнаг Цоциты уæйыг Къолоз дын иу хуыцаубоны, дыууæ хорз галы Квемочалайы базары куы ауæй кæнид. . Йе ’хцатæ йæ риуы дзыппы нывæрдта, бабадт йæ бындары бæ- хыл æмæ рараст йæ хæдзармæ. Фæндагыл ыл ренейаг зонгæ лæппутæ амбæлд, æмæ сæ афарста: — Ренемæ фæндаг дæлæты куы у, уæд щ цы. агурут? — Абон хъæбысæй хæцæны, гуырдзиаг лæппутæ фæбынæй сты, æмæ ныр нæ разы бабадтысты гзпьгрдзийæгтæ -~ зонæм æй æмæ нæ фæндаг æндæр рæтты ракодтам. Къолоз лæппуты хæрæндонмæ бакодта, хорз сæ федта, стæй лæп- путæ Пъантъианмæ сфардæг сты, Къолоз та Цхилонмæ араст и йæ бæхыл. Лехура-йы донмæ куы бахæццæ, уæд кæсы æмæ — хидыхъус дыуз^æ гуырдзиаг абырæджы дамбацатимæ. Уьгм лæуз’ьгдыстьг ’мæ базарæй цы ирон адæм здæхт," уыдонæн се ’хцатæ истой. Ныр> та Къолозмæ æнхъæлмæ кæсынц.— Доныл — хид нал/Дон — абухгæ ивылд, æмæ йæ аласта. Цалынмæ Къолоз хидмæ каст, уæдмæ йæм дьгз’уæрдыгæй абыр- джытæ дамбацатæ ныддардтой. Сæ иуæн йæ хъæр ссьгд;: — Дæ къухтæ хæрдмæ сдар, æндæра нæмьгг дæ ныхмæ фæцæз’ы! Къолоз йæ къз’хтыл хæрдмæ схæцьгд, æмæ йæм абырджытæ куьг 4 Тъехты В. 49
баввахс сты„ у*ъд <сшш йæ дзæккор къухтæй сæ былтæн фæйнæрдæм фæйнæ щæфы фæкодта. Абырджытæ зæххыл куы атылдысты, уæд Къолоз йæ бæхы ивылгсе донмæ фæцарæзта. Абырджъше сæ «былты тз7гкалгæ куыддæртæй рабадтысты æмæ Къолозыл донмæ нæмыг нызгъæлстой. Къолозæн йæ галщ’ цонг фæ- цæф, бæхæй ахауд æмæ йæ дон айста йæ з’ьыæнты, фæлæ йын оæх йæ рон авдахста йæ дæвдæгтæй. Къолоз дæр ма йæ тыхтæ амбырд кодта, йæ ражжз къз^хæи ’бæхы хъуырыл æрцауындзæг, æмæ афтæ- мæй ихызшысты донæн йæ фаллаг фарсмæ. Донæй кз’ы ахызтысты, уæд Къолоз йæ хæдонæй йæ цонг фидар бабасяа, ;æмæ йæ (бæхыл Орчъосанмæ ацыд, цæмæй йын Леван йæ цонджвд щеф йа’бастаид. Леван ътн йæ цонг куы бабаста, уæд та абадт бæхыл æмæ — хæ- дзармæ.. Къшшз йæ бæхы згæды онг дæр куыд нæ уарзта, фæлæ йæ уыцы бошеи фæстæмæ йæ з’ДЫ бæрц бауарзта. Фыджу уыцы лыхæстæ куы кодта, уæд-иу куы æрæнкъард и, куы та-иу йæ цæстытæ ферттывтой. Æмæ та-иу æй æз дæр бафар- стон: — Гъомæ дьш ахæм бæх куыд балæвар кодта Къолоз, йæ цæст æй куыд ’бжухпрзта? — Баз^арзта йæ — бахудт-иу фыд. — Иу хатт сæм колхозы мæллæг бæхыл сæфтыдтæн, Къолоз бирæ фæкасти мæнмæ дæр, бæхмæ дæр, стæй запьта: — Хадо! Ды раст лæг дæ, рæстдзинадыл тох кæныс, æмæ æмби- сонд афтæ у: «Раст зæгъæгæн, тагъд тæхæг бæх хъæуы». Æмæ дæ ацы зæронд бæх кæйонг хъуамæ фæхæсса дæ рæстдзинадимæ? Ирон адæммæ хж^рæфырт кадджын æмæ барджын зг, æмæ дын мæ уарзон бур бæх .хæлар уæд! — Æмæ сразы дæ? — Уæдæ лæвар чи здахы? Лæварæн здахæн нæй. Æз та йын стыр Згрс гал балæвар кодтон йæ райгуырæн бонмæ. Æз бахудтæн ;æмæ Хадойы афарстон: — Æмæ шш ;уæд нæ раарфæ кодтай? Фыд 6ахзгдти. — Кущд 1нæ 1Йъьн ]раарфæ кодтон! — Зæгъ-ма — балæгъстæ кодтон Хадойæн, — цытæ йын загътай дæ арфæйы? Фыд та ногæй бахудти. Уæдæ;хъз'с. -— Къолоз! Ды мæнæн, дæ з’Дæй фылдæр цы бæхы згарзтай, уый балæвар :Кодтай. Æз та дын мæ хæдзардарæг урс гал лæвар кæнын. Хæлар дын уæд .демæ нæ лæвæрттæ, нæ бæллицтæ æххæст кæныны нысан фæуæнт! Хуыцау ахæм амонд раттæд’, æмæ-нæ алы рæттæм цы ирон адæм фæлыгъд, уыдон фæстæмæ дæ бур бæхы хз’ызæн бæхтыл бадгæ сæ разæй мæ урс галы хуызæн галтæ скъæргæ куыд æрыздæ- хой, æмæ Мры дзуæртты куывдтæ кз’ыд фæкæнæм, æмæ дзуæртты бын сæ бæхтыл цины дугътæ куыд фæуадзой: 50
Афтæ йын раарфæ кодтон, — бахудти та фыд, — æвзæр арфæ уыди? — Нæ уыди æвзæр арфæ, хорз арфæ уыди, — бахудтæн æз дæр. Бур бæхыл бадын алчи нæ з’æндыд. Афтæ тагъд тахти, æмæ.йыл чи сбадтаид, з’ьш — джитæнты хай фæци. Бæх мæныл уайтагъд сахуыр. Быдыры-иу йе ’мбæлтты ныз’уа- гъта. Æмæ-иу æз хуыты кæм хызтон, уырдæм æрбацыд. Æз-иу ыл тынг фæцинтæ кодтон. Нартхоры хуымы-иу ын цъæх нартхæрттæ æртыдтон йе ’рбацыдмæ, йæ разы-иу ын сæ æркалдтон, æмæ-иу сæ зæрдиагæй æмпылдта. Уыцы фæззæджы Джеоргуыбайы бæрæгбон куы ’рхæстæг, уæд мын иу изæры Хадо афтæ зæгъы: — Райсом хъуамæ Орчъосанмæ ацæуон æмæ Леваны фæхонон. Дæ цонг дын дæ уæлæ куы фена, з’æд бирæ фæцин кæндзæн. Бирæ дзæбæхты нын бацыд Леван. Æз мæ фыдæн бирæ фæлæгъстæ кодтон, цæмæй мæн арвыстаид. Хадойæн дæр йæ бон нал уыд, æмæ мын сразы и. Дыккаг райсом, мæ къухы хъил, афтæмæй араст дæн Орчъосанмæ. Хъæуæй куы ахызтæн, уæд уæлвæз бæхтæ хызтысты. Бур бæх мæн куы ауыдта, уæд мæм æрбазгъордта, æмæ та æз йæ хъуырыл ацауын- дзæг дæн. Маенæн мæ сæры фæмидæг: — Цæй, æмæ бæхыл абадон æмæ афтæмæй, æцæг лæгау, балæу- З’он Леваны хæдзары дз^армæ. Уыцы хъуыды куы ’рфидар, уæд бæхæн йæ хъз^ырыл бынмæ æрхæцыдтæн æмæ зæххыл æрхуыссыд. Мæ рон райхæлдтон, бæхы хъз’ырыл æй бакодтон, йæ уæлæ абадтæн æмæ араст дæн Леванмæ. Мæн фæндыди, тагъд куы схæццæ уыдаин, уый, æмæ бæхы хъи- лæй куы рцæвин. Хъил даргъ уыд бæхæн, йæ фæстаг зæнджы стæгмæ æрæххæст æмæ йæ къæрцц фæцыд стæгæн. Æвæццæгæн ын фæрыст æмæ топпы нæмыгау атахт размæ. Æрхы сæрты куы атæррæтт кодта, уæд æз атагъдтæн йе рагъæй, мæ галиу з’æхск æмæ мæ сæр хъæбæр зæхмæ ахастон, æмæ мæ зæрдæ бахъарм. Мæ цæстытæй куы ракастæн, уæд мæ уæлхъус лæз’уыд бæх, æмæ мыл ставд цæстысыгæй куыдта. Мæнæн мæ сæры галиу фарс аскъу- ыд æмæ йæ туг калд. Мæ згД хауд мæ галиу з’æхсчы рыстæй, афтæ- мæй тынг зынтæй сыстадтæн. Мæ хæдонæй мæ сæр бабастон, роныл рахæцыдтæн æмæ фæстæмæ раздæхтæн æнкъардæй. Бæхтæ кæм хызтысты, з^ьфдæм куы ’рхæццæ стæм, уæд мæ рон рафтыдтон бæхы хъуырæй æмæ йæ мæхи астæзпыл æрбастон. Бæхмæ куы бакастæн, уæд джихауæй аззадтæн. Бæх кæд кодта кæзтæ. Æз ын йæ хуыльщз рустæ куы сæрфтон, згæд йæ сæр æркъз^л- æркъул кодта, раст мæ цыма хатыр куырдта, афтæ. Æз ын фырци- нæй йæ русы фарсæн аба кодтон æмæ рафардæг дæн нæ хæдзармæ. Фæндагыл цæугæйæ мæхинымæр хъз^ыды кодтон Къолозыл дæр æмæ Хадойыл дæр. Цавæр зæрдæйы хицау хъз^амæ уш, цæмæй ахæм бæх искæмæн балæвар кæнай уый тыххæй?.. 51
Мæ мад æмæ Душа Душа — мæ фыды ’фсымæры бинойнаг — алы хз’ыцаубоны Чъа- гахъæуы базармæ цыди. Уырдæм хаста йæ уæйгæнинæгтæ, )'ым æлхæдта æндæр истытæ. Иу сабатизæры мæ фыд иу дзæкъул хус фæткъуыйы хæлттæй бай- дзаг кодта, йæ фарсмæ йын чысыл къалати æрывæрдта æмæ мæм дзуры: — Райсом раджы Душаимæ базармæ ацæудзынæ, мæнæ ацы фæт- къуыйы хæлттæ ауæй кæндзынæ. Де ’хцатæй мæнæ ацы къалатийы дзаг тутатæ балхæндзынæ, цы ма дзы баззайа, уыдон рахæсдзынæ хæдзармæ. Махæн нæхимæ стыр тутабæлас з’ыд, фæлæ йæ тутатæ рæгъæд нæма уыдысты... Хуыца)'6он райсом раджы талынг ма уыд, афтæмæй Душаимæ араст стæм нæ фæндагыл. Цæз^ын нæ хъуыди авд километры. Æз мæ дзæ- къул дзæбæх нæ фæрæзтон, стæй иу ныхас дæр нæма зыдтон гуыр- дзиагау, ноджы ма тæрсгæ дæр кодтон — мæнæй цæй базаргæнæг уыд! Ацы хъуыддæгтæ фыд, æвæццæгæн, æмбæрста, фæлæ, æвæццæ- гæн, афтæ хъуыды кодта: «Ау Душа йæм куыннæ фæкæсдзæн? Хæс- сынмæ дæр æм фæкæсдзæн, базар кæнынмæ дæр.» Фыд фæрæдыд. Æз-иу фæсте куы аззадтæн, уæд та-иу мæм Душа фæзылди. — Раййаф мæ, хæлиудзых, æндæра базармæ афоныл куы нæ ных- хæццæ уæм, уæд æз дæр ницыуал ауæй кæндзынæн дæу тыххæй. Æз дæр йæ фæстæ згъордтон, мæ хид цъыкк-цъыкк кодта, мæ }^д ма æрдуйыл хæцыд, цалынмæ базармæ ныххæццæ стæм, уæдмæ. Душа базары йæ дзæкъул æрæвæрдта, мæн йæ фарсмæ лæууын нæ бауагъта, дард мæ арвыста, афтæмæй, дам, нæ дыууæ дæр хуыз- дæр ауæй кæндзыстæм нæ уæййæгтæ. Æз мæ дзæкъз^л бакæнын дæр нæ бауæндыдтæн. Душа мæм куыд зындаид, иу ахæм ран слæ^^уыдтæн æмæ уырдыгæй кастæн. Душа йæ уæйгæнинæгтæ ауæй кодта, æз æй к}^ыд нæ фенон, афтæ цыдæртæ ахордта, стæй ме ’рдæм рацыд. Æз куы ауыдтбн, ме ’рдæм рацæ^^ы, уæд мæ дзæкъулы сæр фегом кодтон, æмæ йæ уæлхъус æцæг лæджы лæуд кæнын. Душа куы базыдта, ницы ауæй кодтон, уый, уаёд хъуыр- хъуырыл схæцыд. — Ныр дæ цæмæн расхъæл кодта Хадо мемæ! Нæ зоны, дæ хуы- зæнхæлиудзых ницы а^^æй кæндзæн, уый? Мах базармæ куы цыдыстæм^ уæд мæм сыхæгты ус Ануша иу абази радта, махæн дæр, дам, иу балхæн тутатæ. Дз^ша мæм мæстьшæ дзуры: — Иртаг, Анушайæн дæр нæ балхæдтай тута? — Нæма, — кæуынхъæлæсæй йын радтон дзуапп. Душа мын айста мæ абази, балхæдта дзы дьгууæ авгуъшзæйы ставд, урс-урсид, даргъ тутатæ! Иу дзы мæ къалатийы ньпскалдта, иу та дзы йæхи къалатийы цы тутатæ уыд, уьщоныл бакалдта. Стæй афтæ бакодта: — Иу абазийæ иу агуывзæйы йеддæмæ нæ цæуы, фæлæ уæйгæ- нæг мæнæй хæс дардта, æмæ мын дыууæ агуывзæйы уымæн радта. Æз фырæххормагæй мæ къæхтыл нал лæз’уыдтæн: Райсомæй дæр 52
ницы бахордтон. Мæ мад йæ цæгаты уыдис уазæгуаты, æмæ нæ хæ- дзары хæринаг ницы уыд. Хадо мын искæмæй уæддæр райстаид иу дзулы къæбæр, фæлæ уый афтæ æнхъæл уыд, æмæ мын Душа мæ уæйгæнинæгтæ ауæй кæндзæн, мæхицæн дæр мын исты хæринæгтæ алхæндзæн. Душа куы бамбæрста, æз фæстæмæ æххормагæй нал афæраздзы- нæн, уæд мын мæ къутуйæ систа иу-цалдæр тутайы æмæ мæм дзз’ры: — Адон айс, къуытты, æмæ — цæугæ. Хæдзары мæм мæ сывæл- лæттæ æнхъæлмæ кæсынц. Фæндагыл сæ ахæрдзьшæ! Æз тутатæй иу-цалдæр мæ дзыхы баппæрстон* æмæ рараст стæм нæ фæндагыл. ’Мæнм’æ/тута афтæ адджын фæкаст æмæ мæхи нал баурæдтон, фæндагыл сæ сусæгæй иугай-дыгай хæрын байдыдтон. Хъæумæ куы ’рбахæццæ стæм, уæд, Анушамæ мæ къалати рад- тон. Уый йæм куы ныккаст, уæд худæгæй бакъæцæл. Мæ къалатийы ма нымадæй æхсæз тутайы баззад, иннæты фæндагыл бахордтон. Анушайы дыууæ чызджы дæр худæгæй мæлынц. Душа дæр мын мæ тарст цæстытæм æрбакаст, хъæрæй ныххудт, æмæ афтæ бакодта: — Хæлиудзыхæй уæлдай ма нын сусæгхор дæр'куы-разынд-,-'Ир- таг, сз^сæгхор! Æз æй фембæрстон, мæ худинаг Душайæн æхсызгон кæй З’ыдис, З^ый æмæ мæстæй тъæппытæ хаз’дтæн. Ризæг мыл бахæцыд, æмæ ницыуал зыдтон, мæ сæрæн цы акæнон, уымæн:.. Ануша систа æртæ тутайы къалатийæ, иу дзы йæхæдæг ахордта, фæйнæ та йæ чызджытæ, радта мæм къалати æмæ афтæ бакодта: — Ницы кæны, Иртаг, тута æфсисæн нæу, адон ахæсс æмæ дзы дæ фыд æмæ де ’фсымæртæ дæр фæйнæ ахæрой. Æз хæдзармæ куы бацыдтæн, мæ фыд æмæ ме ’фсымæртæ фæйнæ тутайы куы ахордтой, уæд мæ фыд ницы сдзырдта, фæлæ мыл ме ’фсымæртæ Гиго æмæ Гæба хъæрæй худын байдыдтой. Æз тъахтиныл дæлгоммæ ныххаудтæн, мæ дыууæ къухы мæ ныхы бын бакодтон, æмæ сусæгæй, ставд цæссыгæй куыдтон. Уыцы рæс- тæджы мæ хъустыл ауад мæ мады фæлмæн хъæлæс. Дуарбахизæны кæимæдæр цыдæртæ дзырдта. Æз фæгæпп кодтон, кæсын æмæ з^ынын: мæ мад йæ хидкалгæ уатмæ æрбахызт. Йæ иу къзгхы нæ..каубыд къалати, йæ иннæ къз^хы — дзæ- къул. Мæнæн фырцинæй мæ зæрдæ суьшгæг, æмæ хъæрæй ныккзгыдтон. Мад йæ къалати æмæ дзæкъул зæххыл æрæвæрдта æмæ мæ фæрсы: — Иртаг! Ды мæ хуыздæр хъæбул куы дæ, уæд цæмæн кæз’ыс афтæ зæрдиагæй? ч Уæд ын Хадо афтæ бакодта: — Райсом æй Душаимæ базармæ арвыстон, æмæ йæ уæйгæнинæг- тæй кæй ницы ауæй, ууыл кæз’ы. — Базарæй дын дæ судзгæ мард æрбаласæнт! Цæмæн арвыстай сы-^ вæллоны идæдз тыхст сылгоймагимæ, йæхи фыдæбон ын æгъгъæд нæу? Хадо ме ’рдæм æрбакаст, æмæ афтæ бакодта: — Бахатыр кæн! Фæрæдыдтæн. Мад рахаста дыз’уæ стыр хъæдын тæбæгъы, нæ даргъ бандоныл 53
сæ æрæвæрдта. Иумæ дзы равдæлон кодта йæ къалати, иннæмæ — йæ дзæкъз’л. Кæсын, æмæ иу тæбæгъы цæхæр калынц ставд, тымбыл сырх- рус балтæ, урс-урсид тыппыр тутатæ фæрсæй-фæрстæм кæри амадæй. Иннæ тæбæгъы мæм зыны тымбыл, бæзджын æртæ хæбизджыны кæрæ- дзийыл æвæрдæй, сæ царв сæ сæрты фæйнæрдæм кæлы, афтæмæй. Мад йæ хуынæн йæ’раст æмбис иу æндæр тæбæгъы самадта, рад- та йæ Гигомæ æмæ дзуры: — Адон ахæсс Душайы сывæллæттæн. Уадз æмæ дзы уыдон раз- дæр ахæрой. Уыдон сидзæртæ сты, æмæ сидзæр мæгуыру. Уыцы изæр бирæ фæраздыхс-баздыхс кодтон мæ уаты. Хъуыды кодтон: «Уæдæ адæм афтæ алыгъуызон цæмæц рахæссынц æрдзæй?..» Уыцы сæрдыгон бон Иу сæрдыгон бон скъоламæ куыддæр бахæццæ дæн, афтæ мæ разы кæцæйдæр февзæрд Изо, йæ тæнæг цыбыр хъулон дидинæф- тыд къабайы. Изо }гæд фæндзæм къласмæ цыд, фæлæ рæз тагъд схаста, æмæ æстæм къласмæ чи цыд, уыдонæй стырдæр зынд. Йæ рæхснæг уæнгтæ, йæ рæ- сугъд цæсгом æмæ йын йæ къабайы тæрттыл зына-нæзына æддæмæ чи фæхæцыд, з’ыцы риутæ... Адæймаг æм æнæфсæрм бакаст нæ фæрæзта. Изо мæм цыма арвæй æртахти, афтæ мæ разы зæдау лæ^^ыди, йæ æрвгъуыз цæстытæй мæм худти, йæ рустæ туджы зылдысты, аф- тæмæй мæм йæ сæр бакъул кодта æмæ йæ иуварс азылдта, цыма мын амонгæ кодта: мæ русæн мын аба кæн. Æз ын мæ галиу къух зырзыргæнгæ йе уæхскыл, æрæвæрдтон, стæй йын мæ былтæ йæ хъарм русыл авæрон куыддæр загътон, афтæ кæцæйдæр февзæрд ахуыргæнæг, мæ галиу цонг мын ацахста, фехъал дæн æмæ уынын... Мæ галиу цонгыл мын хæцы мæ мад æмæ хъæрæй дззфы: — Иртаг, мæ хъæбз’л, бæргæ дæ мæ цæст райхъал кæнын нæ уар- зта, дæ цæсгомыл зынди, цыдæр рæсугъд фынтæ кæй уьщтай, фæлæ æндæргæнæн нæй, хур бæрзонд сфардæг, æмæ йæ дæхæдæг зоныс, хз’ытæ æнтæфы хизгæ нал фæкæнынц, фæлæ доны ныббырынц, æмæ уым æххормагæй ратул-батул кæнын байдайынц. Æмæ сæ рагацау куы нæ рахизай... Æз фефсæрмы дæц, афтæ фенхъæлдтон, фыны Изойæн кæй фæ- цæй ба кодтон, уый мæ мад дæр базыдта, æмæ мæхи рæстытæ кæнын байдыдтон. — Бахатыр кæн, гыцци, дысон æмбисæхсæвмæ фæбадтæн, мæ уроктæ кодтон æмæ уымæн нæ райхъал дæй афоныл... — Зонын æй, зонын, мæ хъæбул, æз æхсæв-бонмæ мæ митæ фæ- кæнын æмæ дæ уыдтон, фæлæ æндæр гæнæн нæй. Æз фæгæпп кодтон æмæ, цалынмæ мæ зæронд æмпъызт, фæлæ сыгъдæг дзаумæттæ мæ уаелæ кодтон, уæдмæ пецы сæр нæ мад хз’ыр 54
æмæ фæныкæй хæрзхафт цæхæртæ калгæ кæй дардта, уьцщ зæронд агмæ ныццавтон мæ цæстытæ. Уым фыхт æхсыр донимæ хæццæйæ — нæ хъуг мæллæг уыд, æхсыр гыццыл кодта æмæ йæм-иу нæ мад дон афтыдта, цæмæй алкæй фаг дæр суыдаид. Мад куыддæр аг райста уæлартæй, афтæ йæ къухтæй æрхауд, зæххыл сæмбæлд, æмæ æхсидгæ æхсыр фæйнæрдæм ныппырх, йæ къæхтæ дæр ма дзы басыгъдысты. Мад галиу къухæй йæ зæрдæйыл ныххæцыд, рахиз къухæй та йæ зæронд хæдзары саман къулыл банцой кодта, мæ тарст цæстытæм мын нымдзаст, афтæмæй мæм æрæджиау дзуры: — Ма тæрс, мæ хъæбул. Шогрен мын цыппар аздзыдæй йæ з’Д мæ хъæбысы куы систа, уæдæй фæстæмæ мæ нал уадзы ацы зæрдæниз. Афтæ мæ иуæй-иу хатт æрцахсы. Мæ фыццаг зæнæг, мæ фыццаг зæрдæдарæн. Æз атахтæн, скъаппы зæрдæйы хос агурын, æмæ та мæ хъустыл мады кæуынхъæлæс ауадис: — Хостæ дзæгъæлы мауал агур. Фесты мын. Цæмæй балхæнæм, уый та махмæ нæй. Уазал дон мын раскъæф! Æз ын дон авæрдтон, хуыссæныл æй æруагътон. Мад чысыл куы фæхуыздæр, уæд мæ дзыппы иу дзулы къæбæр авæрдтон æмæ хуы- ты хизынмæ аскъæрдтон. Мæ зæрдæ мæ мадмæ æхсайдта, æмæ хъæуы- рдæм фæкæс-фæкæс кодтон. Иу-ахæмы мæм кæртæй мады хъæр райхъуыст. Мæ фыд цæхæра- доны куыста, æмæ уымæ дзырдта, чидæр, дам, дæ агуры. Æз иу чысыл бахъæлдзæг дæн. Уымæй чысыл фæстæдæр та мæм нæ тута- бæласы ц^ппæй б^^лæмæргъы мæлгъæвзаг зарæг райхъуыст, æмæ æз дæр фырцинæй ныззарыдтæн. Æз бæргæ зыдтон, скъоламæ æрæджы кæндзынæн, фæлæ хуытæ цалынмæ дзæбæх нæ бафсæстысты, уæдмæ сын фæстæмæ скъæрæн нæ уыд. Колхозы х}^ыдонæй азгъордтон нæхимæ, мæ рахиз дзыппы дз)^лы къæбæр авæрдтон, мæ чингуыты хызын ме ’ккоймæ баппæрс- тон æмæ азгъордтон скъоламæ. Нæ сыхæгты рæзты куы фæуырдыг кодтрн, уæд сæ тыргъы цæ- джындзыл цы хъæхъхъаг куыдз баст уыд, уый мыл рæйдта, йæхи атоныныл архайдта. Фæлæ дзы æз нæ тарстæн, уымæн æмæ йæ зыд- тон — баст у. Уæддæр куыдзы ’рдæм фæкастæн, æмæ раст уæд ауыдтон — чи- дæр стыр кард æруагъта, куыдз баст цæмæй уыд, уьщы бæндæныл йæхæдæг амбæхст. Куыдз фез^æгъд, æд бæндæн мæ уæлхъус февзæрд. Йæхи мыл би- рæгьау ныццавта, мæ хæдафырахиз агъдæй мын йæ дзыхы дзаг сыс- къуыдта, æмæ йæхи из^варс фехста, цыма искæмæй фæтарст, уыйаз^. Æз тæрсгæ-ризгæ мæ з^эерагмæ ’ркастæн æмæ джихауæй аззад- тæн... Мæ уæрагыл.дыууæ раны зынди куыдзы дæндæгты фæд, туг дæр сæ нæ цыди, æмæ з^д фембæрстон — куыдз мын мæ дзыпп стыдта, дзыппы цы дзулы къæбæр з^ыд, уыимæ, æндæр мылхæцгæ нæ фæкодта. 55
Æз нæхимæ нал раздæхтæн, афтæмæй скъуыд хæлафы азгъорд- тон скъоламæ, Æз дæр бахæццæ дæн, дзæнгæрæджы хъæр дæр рай- хъуыст. Дзæягæрæджы хъæрмæ та мæ разы дысоны фынау алæууьгд йæ мидбылхудгæ Изо. Æз Изойы ц}ф кзгыддæр æрлæз’уыдтæн, афтæ мын ахз’ыргæнæг мæ рахиз цонг ацахста, йæ фæстæ мæ ласæгаз’ акодта æмæ мæ къла- сы сывæллæтты раз æрлæз^уын кодта. Сывæллæттæ мæ кзгыддæр гом уæрагæй ауыдтой, афтæ æмхуызо- нæй хъæрæй ныххзщтысты. Æз къласы алкæмæй дæр хз’ыздæр ахуыр кодтон, æмæ мæ дзы бирæтæ сæ фырхæлæгæй нæ уарзтой. Ахуыргæнæг дæр мæ нæ з’арзта, из^æй ирон кæи з’ьщтæн, уый тыххæй, иннæмæй та йын, йе ’фсымæры лæппз’йæ хз’ыздæр кæй ахзгыр коДтон, уът тыххæй. Лæппз^тæ худæгæй куы бафсæстысты, уæд ахуыргæнæг райдыдта ’дзурын: — Сывæллæттæ! Уæхæдæг æй уынзгг — Иртаг из’æй æрæджы бакод- та, иннæмæй та цы хуызæнæй æрбацыд скъоламæ! Уæдæ ай цы хæдза- рæй рацыд, згый хæдзар-у, кæнæ ай цы мад рарвыста, з’ьш мад у?! Мæ дзæбæх мады кой мын кзгы скодта, уэед м^ мæллæг рустыл ставд цæстысыгтæ кæрæдзийы фæдыл тулын райдыдтой. Мæстæй фæцæйтыдтон, фæлæ дзурын ницы сфæрæзтон. Уыцы рæстæджы дуар чидæр тынг æрбахоста, стæй мидæмæ æрба- хызт мæ фыд Хадо. Сывæллæттæ сыстадысты, салам радтой мæ фы- дæн. Хадо дæр сын салам радта æмæ, сывæллæттæ сæ бынæтты куы ’рбадтысты, уæд ахуыргæнæджы мæсты хъæлæсæй фæрсы, мæнæн та мæ гом зæнгмæ кæсы: — Ацы лæппуйы ам цæмæн дарыс æмæ йæ æнаххосæй цæмæн æфхæрыс? Æз рагæй лæз’уьщтæн дуармæ æмæ дын дæ ныхæстæ из’уылдæр фехъуыстон. ; Уæд ыл ахз^ыргæнæг дæр ныхъхъæр кодта: — Дæ цæстытæ хизынмæ сты! Нæ йæ уыныс цы хз’ызæнæи æрба- цыд скъоламæ? Хадо тынгдæр рамæсты æмæ йыл уый дæр ныхъхъæр кодта: — Æмæ йæ бафарстай, скъоламæ скъз’ыд хæлафы цæмæн æрба- цыд, згьшæй. — Цæй фæрсын ма йæ хъæуы! .Йæ уæлæ нæ зыны, цавæр хæдза- рæй рацыд, æмæ цы адæмæй у\ уый? Ирон хъæддаг... Артыл ма фæтæген куы бакалай, афтæ рафыхти мæ фъщ: — Ды ахуыргæнæг нæ дæ! Дæ хуызæттæ сафынц æгас гуырдзыйы ном дæр! Уый дæ хицæуттæ куы базониккой! Æмæ.йæ зонгæ.дæр бакæндзысты, фæлæуу! Стæй уæд хондзынæ æнæхъæн адæмы хъæд- дæгтæ! * Ахуыргæнæг йæ хуыз аныхъуырдта æмæ лæгъстæ кæнынмæ фæци: — Цæй-ма, сабырæй равзарæм хъуыддаг, кæннод сывæллæттæй дæр худинаг у. Амæй размæ сын куы радзырдтон, ома Александр Хъазбеги йе сфæлдыстады кæд изтай ирæггы æфхæры, уæддæр уый нæ нысан кæны, æмæ ирæттæ из’уылдæр къæрныхтæ, уæйгæнджытæ 56
æмæ хъæддæгтæ сты. Уæд дын Иртаг йæ къух куы сдарид. Æмæ дæз’мæ гæсгæ цы загъта? бафарста ахуыргæнæг фыды лæгъз æвза- гæй. Фыд сабырæй загъта: — Ницы йын зонын. Иртаг хæдзармæ ныхас никуы бахæссы. — Кæд, дам, Хъазбеги дæр дæ хуызæн хъуыды кодта, ирæтты тыххæй, уæд,'дам, уæ иуыл — хъисын, уе ’ннæуыл — голлаг. — Æмæ цы рæдийы! Скъолаты чингуыты бирæ рæтты æфхæрд цæз’ынц иннæ адæмыхæттытæ. Уый мах зонæм. Афтæ ’нхъæл дæ — нæ йæ зонæм?! Ирон скъолаты чишуыты афтæтæ нæ фыссынц. Ахз’ыргæнæгмæ, æвæццæгæн, Хадойы ныхæстæ бахъардтой, æмæ ма афтæ бакодта: — Нæ зонын... Нæдæр Хъазбеги фыста мæ зондæй, нæдæр скъо- латы чингуытæ сты мæ фыст. Стæй цæхгæр ныззылд: — фæлæ ма мын уый зæгъ, дæ лæппу гом уæрагæй цæмæн æрбацыд скъоламæ? Хадо йæ сæр батылдта. — Йæ мад фæрынчын, æмæ цалынмæ уымæн хос лæвæрдта, уæдмæ рæстæг ацыдис. Скъоламæ куы рацæйзгъордта, уæд та йæм нæ сы- хæгты лæппу сæ баст кзпыдзы раз^агъта. Кз^ыдз мах лæппумæ куы ралæбурдта, уæд, йæ хъз’’ырыл цы бæндæн баст уыд, уымæн- йæ кæ- рон сыхæгты лæппзгйы къахыл атыхст: Лæппу фæхъил æмæ йæ сæр дурмæ æрхаста. Уый рынчындонмæ аластой. Æз та нæ лæппз’йы фæстæ ардæм разгъордтон бæрæг базоныны тыххæй. Мæ тагъд-тагъдæй йын хæлаф дæр нал рахастон, фæлæ, Хз’ыцау хорз, уæлæнгæйтты аир- вæзт. Йæ зæнг ын æнæхъæнæй куы ауыдтон, уæд мæ зæрдæ йæ гз^ьшп- гуыппæй фенцад. Мæнæн мæ фыды ныхæстæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты æмæ мæ риуыдзаг сз’лæфыдтæн, фæлæ маст кодтон, нæ сыхæгты лæппу Бибудт рынчындонмæ кæй бахаз’Д, уът тыххæй. • Дис кодтон, мæ фыд ахуыргæнæгмæ куыд бауæндыд афтæ æргом ныхас кæнын. Æз мæ фыдæн афтæ уæндон æнхъæл нæ уыдтæн. Æмæ йын йæ ныхасмæ куы байхъуыстон, уæд мæ цæсты фæкадджындæр. Хадо ахуыргæнæгимæ ныхас куы фæци, уæд аздæхтис сывæл- лæтты ’рдæм. — Мæ зынаргъ сывæллæттæ! Иу хъуыддаджы тыххæй ма мын æнæзæгъгæ нæй. Кæрæдзийы з’арззпг, уæ кæрæдзийы хъыджы ма цæут. Кæрæдзийы чи.уарзы, уыдонæн тыхгæнæг тых никз^ы ракæндзæн. Цардмæ лæмбынæг кæсз’т, хъуыды кæнзпг, æмæ зонд исдзыстз^т алы хъуыддагæй дæр. Мæнæ уьш Бибудты хъуыддаг дæр зондзонæн фæуæд! Хадо мæн хъуамæ хæдзармæ ракодтаид, фæлæ сывæллæттæ æм- хуызонæй ныллæууыдысты æмæ мæ нæ раз’агътой нæхимæ. Æз гом уæрагæй бадтæн æмæ зæрдиагæй хъуыстон ахз’ыргæнæгмæ, æмæ та-иу мæ цæстытыл ауадысты мæ мад æмæ Изойы фæлгрнцтæ. 57
Сыгъзæрин майдан Аст къласы каст фæдæн Квемочалайы скъолайы. Мæ фыд куы ба- зыдта, уырдæм нал акомдзынæн ахуырмæ, уæд мын мæ гæххæттытæ рахаста, æмæ сæ Хз’ссар Ирыстоны Ксуисы астæуккаг скъоламæ радта. Фæстæмæ куы ’рыздæхт, уæд мæмфæдзырдта æмæ мын афтæ: — Лæппу, ныр дын ахуырæн хорз фадат уыдзæн. Ксуисы скъола Дменисы хъæуæн йæ тæккæ уæлге ис. Æмæ ды Дменисы цæрдзынæ мæ хойы лæппуйы хæдзары. Сæр дæ бахъуыд. Ды хъуамæ райсай сызгъæрин майдан. Тæккæ райсом цæуæм. Дæ мадæн загътон, æмæ дæ сцæттæ кæндзæн. Уыцы ’хсæв фыр цинæй нал фынæй кодтон. Мæ цинæн кæрон нал уыд — Ирыстоны цæрдзынæн, «Ше осо шена» мын ничиуал зæгъдзæн. Ирыстоны ахуыр кæндзынæн — мæ курдиатæн мын аргь уыдзæн. Дыккаг бон ныххæццæ стæм Дменисмæ. Хадо мæ йæ хойы лæппу Форсоны бинойнаг Нонайы раз æрлæууын кодта æмæ йын загъта: — Мæ лæппу — дæ быгъдуан, стæй мæхæдæг зонын. Дæ лæггад дын нæ ферох кæндзыстæм. Хадо хæрынмæ дæр нæ фæлæз^уыд, афтæмæй фездæхт. Нона мæм тынг хорз цæстæй ракаст. Бирæ мыл фæцин кодта. Мæ чырын мын хицæн уатмæ бахаста æмæ мын загъта: — Ацы уаты дæу йеддæмæ ничи уыдзæн, æмæ дæ ничи хъыгдар- дзæн ахуыр кæнынæн. Хæргæ та — иумæ. Мах цы хæрæм, ды дæр — уый. Ныр уал истæмæйты фен дæхи. Форсон сæрæн лæппу )'ыд. Колхозы сæйраг бухгалтерæй куыста, стæй сæхицæн дæр стыр дыргъдæттæ уьщ. Алы аз дæр-иу Уæрæсемæ цалдæргай тонтæ фæткъуы аласта, æмæ-иу сæ бирæ æхца райсга. Иу ныхасæй, тынг хъæздыг цард кодтой. Сæ иунæг лæппу æмæ дыууæ чыз- джы ницы хъуаг уагътой. Адæмимæ дæр цæрын зыдта Форсон. Мæнæн мæ цинæн кæрон нал уыд. Загьтон: «Х)ч>щау æркаст — æмæ мæнмæ». Форсон мæ уынгæ дæр нæма фæкодта, афтæ сæм йæ кæстæр æфсымæр Хантоны бинойнаг Хантела кæцæйдæр фæмидæг, æмæ хъæр-хъæлæба систа мемæ: — Цæмæн дæ ныууагъта Нонамæ Хадо! Æмæ мæнæн ме ’рвады лæппу куы дæ! Нонайæн йæхи сывæллæттæ йæ фаг не сты? Дæ ма- димæ иу фыдыфырты чызджытæ куы стæм: æмæ хорз куы зоны Хадо, мæнæн сывæллон кæй нæй, уьщы хабар? Мæнæ уал æй фенон, з^ымæн цы хъæуы, уый йын а чызг зæгъдзæни! Хантела мын йæ рахиз къухæй мæ чырын фелвæста, йæ галиу къз^хæй мын мæ цонгыл фæхæцыд æмæ мæ сæхимæ бамидæг кодта. Сæ хæдзар уыд ды}^æ метры иуырдæм, дыууæ та — иннæрдæм. Уыдис дзы æрмæст иу сынтæг æмæ иу ныллæг зæронд скъапп. ’ Хантела кæцæйдæр дыууæ зæронд фæйнæджы æрбахаста. Сæ кæрæттæ сын иуырдыгæй сæ сынтæгмæ сфидар кодта, иннæрдыгæй та сæ скъаппыл сæвæрдта. Уый фæстæ ацыдис, кæцæйдæр хуыс- сæнтæ æрхаста, айтыдта сæ фæйнæджытыл æмæ мæм дзуры: 58
— .Ам’уал хуысдзынæ, рæстæгмæ. Цалынмæ нæ хæдзар арæзт фæуа, уæдмæ. Стæй уæд нæ уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты. Хантон уыд бæрзонд уæнгджын лæппз’. Къухæй дæр арæхстджын уыд, фæлæ нозтæй йе ’фсис нæ зыдта. Уыйимæ, хылкъахæг æмæ хæтаг, ахæм лæгыл цæй цард æрхæцыдаид! Ног хæдзарæн бындур ныккалдтой, æмæ цалдæр азы афтæмæй лæуз’ы. . Уæрæсемæ-иу’уый.-дæр аласта фæткъуытæ, фæлæ ма-иу йæхи ’хцаты уæлдай, сыхæгтæн цы фæткъуытæ аласта, уыдоны æхцатæ дæр бахардз кодта. Афтидæй иу ссыд, æмæ-иу хъæуы уынгты расы- гæй ралли-балли кодта. Раздæр иу-цалдæр æхсæвы æппындæр нæ бафынæй дæн. Æхсæ- вы-иу Хантон расыгæи æрцыди æмæ-иу æхсæвы Хантелаимæ се’ змæ- лын æмæ сæ сусу-бусуйæ нæ банцадысты. Цалдæр хатты ахъуыды кодтон, зæгъын, Форсонæн зæгъон æмæ мæ фæстæмæ сæхимæ акæна, фæлæ мæ ныфс нæ бахастон æмæ з’Дха- рæй мардтæн. Мæ амонд куыд’уыди, афтæмæй Хантоны йæ фыд Херди, нæ фарсмæ йын цы зæронд сæндуцæн хæдзар уыд, уырдæм бауагъта. Хæдзарæн иу рз’дзынг дæр нæ уыд. Астæрд дæр ьщ нæ уыд’.' Йæ иу къуымы арф ныгæд уыд стыр сæны быркз’ы, æмæ к’одта сæны тæф. Хæдзар афтæ талынг уыди, æмæ дзы боныгон дæр æнæ цырагъ ницы зындис. Уырдæм кз^ы балыгъдыстæм, уæд мын иу-чысыл фенцондæр. Мæ хуыссæн Хантониты хзныссæнмæ дæрддзæф з’ыд. Се ’змæлын мæм нал хъз’ыст. Уыцы сых Мамытаты сых хз’ыдтой. Цардисдзы: цыппар хæдза- ры Мамытатæй, æртæ хæдзары Дзукъатæй, иу хæдзар Гобозтæй. Из^уылдæр иу хæдзары бинонтау адджын цард кодтой. Мæн афтæ бирæ бауарзтой, æмæ-иу сæ, хъарм хæринаг чи скодта, уый-иу æнæ мæн нæ хордта. Æз дæр Гигойы куадзæны хъыбылау снард дæн. Ахуыр дæр хорз кодтон, æмæ мæм чызджытæй чидæртæ сз’сæг-æргом кæстытæ кæнын байдыдтой. Мæхæдæг дæр сын æххуыс кодтон сыхæгтæн фæсзфокты сæ цæ- хæрадæтты кз’ыстыты дæр. Уæрæсемæ иу сæхи куы цæттæ кодтой, уæд та-иу сын асыччытæ арæзтон, фæткъуытæ асыччыты æвæрдтон, асыччыты машинæты амадтон. Ныр мæ цардмæ куы акæсын, уæд дзы Дменисы цы дыууæ азы фæцардтæн, уыдонæй æхсызгондæр ницы ’рымысын. Райсом-иу куы райхъал дæн, æмæ-иу радиойæ ирон ныхас куы фехъуыстон, уæд-иу фырцинæй>мæ цæссыг акалд, мæ зæрдæ та-иу мæ риуы уæрыккау скафыд. Мæ зæрдыл та-иу æрлæз’уыдысты, гуыр- дзиаг ахуыргæнджытæ- нæ иронау дзурын куыд нæ уагътой, уыцы зæрдæскъуынæн хабæрттæ. Ксуисы гз^ырдзиаг скъоламæ кæй цыдтæн, уымæ. гæсгæ’ам-дæр мæ ахуыргæнджытæ фылдæр гуырдзиæгтæ уыдысты. Из^ хз’ыцаубон гыццыл Леуахийы былтыл хъом хызтон. Сихорыл хъом куы ривæд кодтой, уæд æз бæхыл абадтæн æмæ донæн иннæ фарсмæ ахызтæн. Бæхы оæласы бын æрбастон. Мæхæдæг рагъыл 59
райдыдтон хæрдмæ цæзпын, цалынмæ мæм цыппар Дменис дæр нæ разындысты, з’æдмæ фæцыдтæн. Рагъæй куы акастæн, уæд мæ зæрдæ ныррухс, æмæ мæ бауырныдта, Дменис æцæгдæр æмбисондæн хæс- синаг бынат кæй у, уыцы хабар. Чысыл Леуахийы галиу фарс. Кавказы хохы рæбынæй Цхинва- лæй Громмæ цы фæндаг цæуы, уый былмæ рæгь-рæгъы хъалæй лæу- уынц рæсугъд урс зестæй æмбæрзт дыз’уæ-æртæ уæладзыгон амæй ай рæсугьддæр амад хæдзæрТтæ. Хæдз?ертты сæ быны бакодтой алыхуы- зон дыргъбæлæстæ. Сæндæтты мидæг дæр, кæртыты мидæг дæр — дыргъ бæлæстæ. Æвæццæгæн Мамыты-фырт дæр ацы хъæуы кæй райгуырд, з^ьшæн ахæм домбай разынд. Хантъон мын радзырдта: Гуырдзиаг меньшевиктæ, дам, куы ’рбалæбурдтой, Дменисмæ, уæд, дам, сын се ’фсад иунæгæй фæстæмæ аздæхта. Хорз уыди мæ цард Дменисы. Фæлæ мæм мæ фыд цæмæ ’нхъæлмæ каст, з’ымæй фыдæнхъæл фæци: нæ ныххастон нæ хæдзармæ сыз- гъæрин майдан. Уыцы азы мæн тыххæй нæ къласæй сызгъæрин майдан нæ, фæлæ æвзист майдан дæр никæмæн радтой, æз къласы алкæмæй хуыздæр кæй ахуыр кодтон, уымæ гæсгæ гуырдзиæгтæй дæр никæмæнуал ба- уæндыдысты майдан раттын. Æз та афтæ æнхъæлдтон ам мæ Хз’ссар Ирыстоны гуырдзиаг ахуыр- гæнджытæ бафхæрын нал баз’æнддзысты. Уæд æй нæма ’мбæрстон Хуссар Ир дæр Гуырдзыстоны дæлбар кæй и, æмæ ам дæр, уыдон кз’’ыд фæнды, афтæ кæй уыдзæн, з^ьщы хабар. Фæлæ æз зъгцы ирон хъæуы кæй цардтæн æнæхъæн дыз^æ азы, ирон ныхас æмæ ирон зарджытæм кæй хъз’ыстон, ирон фынджы уæлхъус уырдыг кæй лæз^уыдтæн, уыдон мæнæн сызгъæрин майдан уыдысты. Мæ фыд ахæстонмæ куыд хауди Зынаргъ чиныгкæсæг, хатыр дæ кзфын, иудадзыг хуыгæсы ха- бæрттыл кæй фыссын æмæ хуыты кой æгæр кæй ракæнын, уый тых- хæй. Рагон æмбисондау: «кæмæй цы риссы, уый кои кæны». Æз хæрз сабийæ куы ’ххормагæй, куы бæгънæгæй, мæ фыды зæронд æрчъиты хуыгæсæй фæцыдтæн. Æмæ алы адæймаг дæр йæ сывæллоны бон- тæй цæры. Чысылæй цы рæдыдтытæ æруагътон, з’ыдонæй мын мæ зæрдæйы абоны онг стырдæр хъæдгом цы хабар ныз’уагъта, уый радзурдзы- нæн цыбырæй. Мæ фыд хæсты фæстæ цалдæр азы колхозы сæрдарæй фæкзгыс- та. Æвзæр нæ куыста, фæлæ нæдæр йæхæдæг давта, нæдæр искæ- мæн уагъта давын, уымæ гæсгæ йын знæгтæ дæр фæзынди. Уæд ныз^уагъта сæрдары куыст æмæ ныллæз’уыд хуыгæсæй. Йæ- хицæн загъта: «Ныр дæр ма мæм хæлæг кæндзысты ме ’знæгтæ? Сæрдарæй сæвзæрстой квемочалайаг гуырдзиаг лæджы, Шашайы — сæнтсау рихиджын, ныллæг, фæтæн, гуы6ыр,.хз'ытъынджын. Шаша, 60
чи хъуыд, ахæм лæг разынд хъæуæн. Йæхæдæг дæр хордта, иннæты дæр нæ хъыгдардта. Ирæттæй иу кæйдæрты ахсын дæр æркæнын кодта æмæ йæ хъуыддаг цыдис уæддæр хицауады раз. Фыд йæхæдæг хуыгæс стæм хатт йеддæмæ никз’ы цыдис, }'ый кз’ыста колхозæй нæм цы зæххы хæйттæ уыдис, з’ыдоныл æмæ нæхи цæхæрадæтты. Йæ бæсты та хуыгæсæй цыдыстæм: æз, мæ хистæр æфсымæр Гиго, мæ кæстæр æфсымæр Аслан. Хатт-иу мæ мад дæр ацыд. Колхозы хз’ытимæ дардтам нæхицæн дæр иу дзæргъ. Нæ дзæргъ дыууадæс хъыбылæй къаддæр никуы ныззад, фæлæ ма-иу нын дзы афæдзы кæронмæ кæнæ дыз^уæ хъыбылы баззад, кæнæ-иу. Иу ахæ- мы мæ мад загъд-замана систа: — Ай цы диссаг у, иууыл нæхи хъыбылтæ цæмæн мæлынц? Цы хуыцау нæ ралгъыста? Нæ хæдзар бынысæфт куы фæци. — Хуьщауы кой ма кæн! Хуыцау æнæхъуаджы никæй æфхæры! Колхозы хъыбылтæн дохтыр сз’дзинтæ кæй скæны, з’ымæн нæ мæ- лынц, — загъта фыд. Фæлæ йæ æз хорз зыдтон, колхозы хъыбылтæй-иу искæцы куы амард, уæд-иу æи нæ фыд, цыма нæхи хъыбыл амард, афтæ баны- мадта, фыд мæ бафæдзæхста, — макæмæн æй зæгъ. Уæддæр, дам, сæрдары нæ бауырндзæн, Хуыцаз’ та;дам, з’æлейæ кæсы, æмæ йæ æз дæр*никæмæн загътон. Знон та хз’ыты куы фæцæйскъæрдтон, уæд мæ фыды уæлхъус лæз’уыд Шаша. Мæ фыд рывта, колхозæй нæм цы зæххы хай уыди, уым. Шаша йæм хæцыд: — Хадо, куыд хъуыды кæныс, ис гæнæн æмæ Туырдзыстоны бын- дЗфон цæрæг гуырдзиаг ахуыргонд сæрдар лæджы, хохæй ралидзæг, хъæддаг, æххормаг, æнахуыр ирон хуыгæс лæг фæсайа? — Уыцы хабар иу æнæбары гуырдзиаджы дæр ’н’æ бауырндзæн, стæи ма, алы бон мæ хæдзары цы ирæттæ минас кæны, уыдонæй дæр никæй бауырндзæни. "— Æнæбары гз’ырдзиаг! — йæ дзых хæлиуæй аззад Шашайæн. — Нæма йæ бамбæрстай, гуырдзиагæй æнæбары кæй нæй, уыцы хъз’ыд- даг?! Зæххы цъарыл гуырдзиаг адæмæй тыхджындæр, зондджын- дæр, рæсугъддæр адæм нæй æмæ иу гуырдзиаг дæр сау кз’ыст хъуа- мæ ма кæна, фæлæ къухдариуæг кæна иннæ адæмтæн. Ды та — ирон лæг æмæ хуыгæсæн дæр нæ бæззыс! — Зæгъ ма мын мæ аххос æргомæй, æмæ йæ æз дæр зонон. ■— Уæдæ мæм дзæбæх æрбайхъз’с: . — Хъз’сын дæм. — Фыццаджыдæр, дæхæдæГ нæ цæуыс хз’ыгæс. Дæ сывæллæтты ’рвитыс. Æмæ уьщы æххормаг сывæллæттæ колхозы гагадыргътæм бахъуызынц, хуытæ та колхозы хоры хуымты ныппырх вæййынц, афтæмæй сывæллæттæ дæр зиан хæссынц колхозæн æмæ хуытæ дæр. Дыккаг та згый, æмæ хуыты хæринагæй арахъ скъæрыс æмæ дæ хæдзарæй æнæфидгæ ресторан сарæзтай. Алы бон дæр æнцъз’хут, кз’сынмæ уæ нал æвдæлы. Æртыккагæй та уый, æмæ колхозы хъыбылтæй иуы мардыл дæр акт никуы сарæзтай. Дзæргъытæ кз’ы ныззайынц, уæд сын сæ хъы- 61
былтæй бамбæхсыс, стæй чи амæлы, уыдоны бæсты та сæ бавдисыс. Чи ма дын дзы баззайы, уыдоныта æргæвдыс æмæ ’— физонæг. Фыд фырмæстæй цавдурау лæугæйæ баззад, сдзурын дæр ницы- уал сфæрæзта, афтæмæй каст Шашайы нозтвæллад, сырх цæстытæм. Шаша цæуыныл фæцис, из’ каст ма фæкодта фæстæмæ æмæ дзз’ры: — Хадо! Дæ бынатæй дæ фæтæрдзынæн, уый ææмæнг з’, фæлæ ахæстонмæ кз^ы бахаз’ай, уымæй дæр тас у. Кæд аирвæзай ахæсто- нæй, уæд-иу- стыр ирон кз’ывд скæн! Мæ фыдæн уыцы ’хсæв йæ хъуыры къæбæр нал ныххызт, хз’ыс- сæг æм хæстæг не ’рцыд. Æз дæр нæ бафынæй дæн æмæ з’ыдтон, æхсæв-бонмæ йæ уаты куыд раздыхс-баздыхс кодта, уый. Дыккаг бон сихорафон уыдаид, афтæ мæм ссыди фыд, хуытæ кæм хызтон, з’ырдæм. Мæ цонгыл мын ныххæцыд æмæ мæм дзуры сусæгæй, кæд нæм æввахс ничи уыд, уæддæр. — Иртаг, макæмæн мацы ской кæн, афтæмæй нæ дзæргъ йæ хъы- былтимæ æрхы былтыл Къодисцкъаройы ’рдæм аздах. Æз дæр дæ тагъд феййафын. Мæ.фыд.уыд хз^ыссæгхъæлдзæг, ноджы мæм каст тарст, æмæ йын афтæ тæригъæд фæкодтон æмæ згыцы æххормаг æмæ фæлладæй дзæргъы æмæ хъыбылтæ скъæрынмæ фæдæн. Къодисцкъоромæ кз^ы фæцæйхæццæ кодтон, з’æд мæ фыд дæр ныййæфта лæф-лæфгæнгæ. Йæ хид йæ цæсгомыл лæсæнтæ кодта. Йу-цасдæр æнæдзургæйæ цыд мæ фæрсты, стæй мæм дззфы: "— Мах цæуæм Квемочаламæ, нæ хъыбылтæй иу хъуамæ Шаша- йæн радтæм, цæмæй мæ мæ кз’ыстæй ма асура, з^ый тыххæй. Уыдис тынг тæвд бон. Хур цыма йæ зынг тынтæй бæстæ ссу- дзынмæ хъавыд. Зæххыл иу змæлæг нал зынд. Мæргътæ кæмдæр бамбæхстысты. Дымгæйы уддзæф никæцæй цыд æмæ бæлæсты сыф- тæртæ дæр джих æндзыг баисты æнæнтау хурмæ. Иу ран æрхы был иу гыццыл хуынкъæй иу сау мыст йæ сæр радард- та, йæ хъзгыры бын афтæ ныддымст мыстæн, æмæ цыма йæ уд исы, афтæ тæпп-тæпп кодта. Кæд, мæгз^ыр, дымгæйы уддзæфмæ æнхъæлмæ каст, — искуыцæй иу чысыл уæддæр радымид, фæлæ дымгæ дæр фыд- дæрадæн зæххы скъуыды аныгъуылд. Мыст æрхмæ кæсы, фæлæ уым дæр доны цъыртт нæ цæуы, зæхх афтæ ныххус æмæ скъуыдтæ кæны. Æз мыстытæй мæ удхæссэег з^ыдтон. Нæ зæронд кæлæддзаг саман- дурæй хæдзары дзы немæ бирæ фæцард. Æхсæв-бонмæ-иу нæ з’æлæ рацу-бацу кодтой, нæ хъæццз^лты зæрæдтæ дæр нын-иу баумæлтæ код- той. Фæлæ ныр ацы мысты ахæм уæззау уавæры кз’ы федтон, "уæд-та мæм тæригъæд æркаст. Æвæццæгæн, мæхæдæг дæр’тынг дойны кæй уыдтæн, мæ хъзпыр кæй ныссур, æмæ кæй хз'ыдз'г кодтон, з^ый тыххæй. Мыстмæ кæсгæйæ хъуыды кодтон: мыст мыст у, фæлæ з^æддæр йæхи ирвæзын кæныныл хъуыды кæны, уæд æз адæймаг куы дæн, стæй гыццыл дæр кз’ынæз’ал дæн, уæд мæ фыдмæ цæмæн кастæн! Фæндагмæ мемæ дон цæз’ылнæ хастон?! Стæй афтæ ахъуыды кодтон: «Кæд, мыййаг, сау мыстæн дæр сау гæдыйау æвзæр къах ис æмæ æвзæр фæндагыл цæуæм?» 62
Мыст ма аракæс-бакæс кодта фæйнæрдæм. Махмæ куы фæком- ’ коммæ, уæд йæ сæр батылдта, цыдæртæ бацъыс-цъыс кодта æмæ сыдз- мыдзы йæ хуынкъмæ ныббырыд. Ахæм тæвды фæцыдыстæм авд километры. Квемочаламæ кз’ы ных- хæццæ стæм, уæд ма хуытæ дæр æмæ нæхæдæг дæр нæ къæхтыл тыххæй лæууыдыстæм. Дзæргъ æмæ хъыбылты чысыл цæугæ-доны куы баскъæрдтам, уæд иу чысыл се ’муд æрцыдысты. Мах дæр нæхи ныхсадтам, донæй дæр ахуыппытæ кодтам æмæ фæсæрæндæр стæм. Дзæргъы хъыбылтимæ баскъæрдтам, Шаша цы иумæйаг хæдзары цард, уый кæртмæ. Уым бирæ фæфыдæбон кодтам хъыбылтæн сæ хуыздæры æрцахсыныл. Куы йæ ’рцахстам, уæд мын æй Хадо ме ’ккой скодта (абон дæр æй нæ зонын йæхæдæг æй цæуылнæ хаста) йæ сæр бынмæ афтæмæй, йæ дыууæ фæстаг къахыл мын мæ дыууæ къухæй фидар ныххæцын кодта æмæ мæм дзуры: — Цæугæ кæн ацы асинтыл, дыккаг уæладзыгмæ кз’ы схæццæ уай, уæд рахизырдыгæй цы дуар ис, уый бахой, чи ракæса, уымæн афтæ зæгъ: ацы хъыбыл уын Хадо ’рбарвыста. Хъыбыл æм ратт æмæ дæхæдæг фездæх. Мæныл авд азы йеддæмæ нæма цыд æмæ хъыбылы рæстмæ фæ- разгæ дæр нæ кодтон. Асинтыл мæ хидкалгæ цз^дтытæ-мудтытæгæнгæ кз^ыддæрты схæццæ дæн дуары цурмæ. Мæн хæдзары тынг галиу хуыдтои, фæлæ æнæзонгæ ран та з’ыдтæн тынг æфсæрмыгæнаг, æнæ- ныфсхаст. Ныр цалдæр хатты бахъавыдтæн дзгар хойынмæ, фæлæ мæ ныфс нæ бахастон, стæй, раст зæгъгæйæ, хъыбылы дæр мæ цæст нæ уарзта, æмæ мæ хид калгæ мæ фыды цур балæз^ыдтæн. Мæ фыдмæ дзурын кæз’ын хъæлæсæй: — Хæдзары сæ ничи ис, ничи гом кæны дуар. — Фыд мын мæ цæстытæм æрбакаст, бамбæрста, сайгæ йæ кæй кæнын, уый, æмæ та мæ фæстæмæ кз’ы сæрвитид. Бафæдзæхста мын, дЗ^ар, дам, иу тыхджындæр бахой. Æз фырфæлладæй, фырхудинагæй зыр-зыр кæнын, афтæмæй та араст дæн фæстæмæ. Асиныл иу-цасдæр куы суадтæн, уæд мæ сæр разылдис, фæстæмæ ахаз^дтæн згæлгоммæ, æмæ, хъыбыл мæ.быны, афтæмæй Хадойы раз зæххыл мæ тъæпп фæцыдис. Мæ сæр къæпхæ- ны тигъмæ æрхастон æмæ йæ туг акалди. Хъыбылы хъыллистмæ, мæ кæуынмæ æмæ Хадойы загъдмæ сы- хæгтæ ракалдысты. Цалынмæ мын мæ сæр бастой, з^зедмæ кæцæйдæр дь1ууæ'милиционеры дæр фæзынди. Милиционертæ фыдмæ тынг барт- хъирæнтæ кодтой, цæуыл уый*нæ бамбæрстон, ’йæ.къух ын цыдæр гæххæттыл æрфыссын кодтой, хъуамæ йæ ахæстонмæ акодтаиккой, стæй сæ фæнд аивтой — хъыбылтæн сæ дзæбæхтæй дыууæ æрцахс- той æмæ сæ семæ афардæг кодтой. Мах фæстæмæ раздæхтыстæм, дзæргъы иннæ хъыбылтимæ рас- къæрдтам. Дзæргъ цыди уæззау, тынг з^æззау æмæ цæмæдæр гæсгæ йæ цæстысыг калд, æвæццæгæн, хур æгæр кæй касти,-уый тыххæй. Æз таафтæ æнхъæлдтон йæ хъыбылтыл кæуы, стæй ноджы махыл — æз æмæ мæ фыдыл. 63
Æз-иу сусæгæй куы мæ фыды цæстытæм бакастæн, куы — дзæр- гъы, æмæ мæсты кодтон мæхимæ, ахæм тæппуд кæй разындтæн, уый тыххæй. Мæ сæры скъуыд мæ бынтондæр ферох, фæлæ, дуар бахо- йын кæй нæ бауæндыдтæн, ууыл маст кодтон. Мæ фыд мын бамбæрста мæ сагъæс æмæ мæм фæлмæн хъæлæ- сæй дззфы: — Мæ лæппу! Ацы хабар, цалынмæ æз æгас уон,;уæдмæ макæмæн ракæн, стæй æз куы амæлон, уæд-иу æй æнæмæнг радззф, æмæ адæм сæхæдæг равзардзысты, чи нæ цы аххосджын уыд, уый. Стæй ма, чи зоны, искæмæн зонды хос дæр фæуа. Ныр мæ фыд æгас нал у. Рз^хсаг уæд. Æз йæ фæдзæхст æххæст кæнын. Мæнæн та мæ рæдыдæй мæ зæрдæ цæрæнбонты хъæдгомæй баззад. Ныр æй бæргæ æмбарын — адæм сæхæдæг сты сæхицæн низхæссæг. Чи — фырзондджынæй, чи — фырæдылыйæ. Чи — фырбонджынæй, чи — фырмæгз’ырæй. Чи — фырæфсæрмæй, чи — фырæдзæсгомæй. Чи — фы- рæфсæстæй, чи — фырæххормагæй. Чи.— йæ фырзьщæй, чи — фыррæ- дауæй^ Чысылæй та ацы хъуыддæгтæ нæма æмбæрстон, алы хатт дæр мæхи æнхъæлдтон зылынджын æмæ-из’ мæстæй мæхи хордтон. Уыцы сау калм Цыдаид мыл иу авд азы. Колхозы хз’ыты хизынмæ аскъæрдтон æмæ сæ хизын, нæ хъæуы фарсмæ цы æнæхуым къудзиджын тъæ- пæн уыд, уым. Сæ кæрон иу бæласы бындзæфхадыл сбадтæн. Мæ хызынæй систон чиныг æмæ мæ иу цæстæй чиныгмæ кæсын, иннæ цæстæй та нæ хз^ытæм бакæсын. Уартæ Каля дæр — йæ фараст хъы- былимæ хизы. Уыцы дзæргъы æз хъз^лон уарзт кæнын, кæд хаттæй- хатт ахъуызы хизæнæй æмæ искæй хз^ыммæ бабыры, уæддæр. Рæ- сз^гъд дзæргъ у, лæгъзгъуын, стæй йæ хъыбылтæ дæр нард вæййынц. Хъæлдзæг хъыллиппытæ фæкæнынц. Знон дæр та мын ахъуызыд. Габеты^нартхоры хуыммæ бахызт кæуылдæрты. Æз æй уым баййæфтон: Йæ хъыбылтæ хуыммæ нæ бацыдысты, æдде хызтысты каз^гæрон, æмæ зонгæ дæр з’ымæй бакод- тон, з^ым ис Каля, уът. Æз æм тынг смæсты дæн. Фæлæ йæ, фæнæмон, згый мæ цæст нæ бауарзта, æнæуи йæ фæлмæн уисæй рацъыччытæ кодтон. Дыккаг бон дæр та ’хз’ыты хизын уыцы ран. Раст сихорафон кæ- сын, æмæ та.Каляйæн йæ кой дæр — нал. Йæ хъыбылтæ дæр — нæй. Æвæццæгæн, не ’фсæсти кæрдæгæй — уал хъыбылы йæ дадта! Æмæ,- иу ахъуызыд. Æз бирæ фæхъуыды кодтрн æмæ æрхъуыды кодтон — цæй æмæ мæ сихоры хайæн йе ’рдæг дæттон Каляйæн. Уыцы бонæй фæстæмæ Каля никуал ахъз^ызыд хизæнæй нартхо- ры хуымтæм. Сихорафон-иу мæм йæхи æрбайста, кæм бадтæн, уыр- дæм, æмæ-иу ын мæ сихоры æрдæг радтон. 64
Уыцы бон сихормæ æввахс къудзшгы бын бздтæн.Хуытæ чысыл æддæдæр хизынц. Æз æнхъæлмæ кæсын,. мад сихор кæд æрбахæс- дзæн, уымæ. Фæлæ мад нæ зынд. Мад нæ зьшдг фæлæ Кяля йæхи æрбайста, йæ сæрыл схæцы, æрбжæсы мæм, бахъуыр--хъзгь1р кæны æмæ та хизын райдайы. Æз мæхи фæстæмæ куыд аз’агътон æмæ куыд афьшæй дæшг уый не ’рхъуыды кодтон. Фыны мæ хъз^стыл аз^ад мады тарст хъæлæсг — Иртаг! Калм дæм фæбырыг згæлæмæфест! Æз фехъал дæн, æмæ — диссаг! Иу хатт мæ мады хъуырæй цы,сазг калм ратыдтон, згый халдих. Кæд уый уыдШг згæддаерæж юрада; æмæ базон. Иу-дыууæ къахдзæфы æддæдæр йæ сæрехъшгкодо,, йе- ’взæгтæ раласта æмæ йæ сыф-сыф цæуы. Æз фыртæссæй бандзыг дæн, мæ бьшалгьь баззадаæн уæлгоммæ хз’ысгæ. Æрмæст ма, мæ дзых ахгæнын бшщ мæ бож. Уьщы рæстæ- джы Каля нæ уæлхъус февзæрд, йæ дзыхæй калмæы йæ хъуырацахста, æмæ йæ хæр-хæргæнгæ аскъæфта йæ фæдыш æрхырдееж. Мад мæ уæлхъус лæз’уы. Мæ уæлхъус лæууьщ, уът дæр æрæджи?ау бафип- пайдтон. Схæцыд мыл. Сыстын мæ кодта, уазал дошей мын мæ цæс- гом æрæхсадта æмæ, иу-чысыл рæстæдасы фæоæме "муд кз^ьг ’рцыд- тæн, уæд загъта: — Ай згЬ1Ди, ай, ацы калм, иу хатт фæрæтæй йæ^еæркæмæн аха- уын кодтай, уый. Калмы цы фæнды кæрдæшж куы екæнай,. уæддæр ын йæ сæр куынæ ныцъцъæл кæнай, уæд нæ мæлы.. Е^ыдæр хосгæ- нæн кæрдæджытæй йæ лыг фæхъæстæ кæньг, æмæ; башгас вæййын йæ цæф æмæ баныхæсы фæстæмæ. Уый фæстæ цасфæнщш рæстæг ма рацæз^а, уэеддæр йэе маст нæ уадзы. Ссары, чи йæ; бахъывдары^ уый. Гъеныр кæсыс! Æз уыцы ныхæстæй афтæ тыхджын фæтарстæн, æмæ-иу уый фæстæ искз’ы калм куы амардтон, уæд-иу.ын щшьшшæ1 йæ: сæр нæ ныцъцъæл кодтон, уæдмæ- иу æй нæ ныз^уагътон.. Каляйæн та мæ сихорæн йæ фылдæр хайы дæттын райдыдтон.. Пшинæ Уæд мыл цыппæрдæс азы сæххæст. Иу бон мæм фæсидт мæ .уарзон ахуыргæнæг Полинæ’æмæ мæм дззфы: — Ды хорз ахуыр кæныс, дæ уагахаст дæртьшгхорз;у æмæ дæ хъуамæ фæскомцæдисьг рæнхЪытæм айсын кæнон.. Афтæ куы загъта, уæд мæм изг гæххæтты сыф радаа». — Мæнæ ацы гæххæттыл цы фарстатæ ис, з’ыдонæга дзуашщтæ дæттын куы сахуыр кæнай, уæд цæттæ уыдзынæ>. Æз æхсæв-бон нал зыдтон, афтæмæй ахуыр/кодданг дауаппытæ, гæххæтты цы фарстатæ уыди, уыдрнæн’, Фыццаг мæ скъолайы æмбырды райстой, стæш нæ> цалдæр боны 5 Тъехты В. 65
фæстæ П’штштае æхеæз лæппз’йæ йæ разæй акодта æмæ араст стæм Къаспмæ — уым уыди районы фæскомцæдисон организаци. Квемочалайы онг кæ цæз’ын хъуыдис фистæгæй — фондз кило- метры. (К&адисщкъаройы сæры рагъмæ куы ’схæццæ стæм, уæд нæм разынд, Хуссар Ирыстонмæ чи хауд, уыцы ирон хъæу Абреу. Хз’р сæрдыгон боназ’ дзæбæх кастис, æмæ, цыма Абреуы рæсугъд уæлвæзтыл мсчи уре къуымбилы рæгътæ ныццамадта, афтæ зындыс- ты дардоæ. Æз лæугæйæ баззадтæн, кастæн ирон хъæз’мæ, ирыстой- наг хъæзгмæ, кастæн æмæ тæхз’ды кодтон, ’уыцы хъæуы цы лæппзгтæ цæры, згадонмæ. Уалмнмæ дам уартæ иу уæлвæзы астæу зфс-урсид тæрхъусы лæп- пын! Хуры хъарммæ йæ зæрдæйы дзæбæхæн хъæлдзæгæй гæппытæ кæны. Уьщы рæстæджы арвыл кæцæйдæр фæзынд иу стыр саз’ цæр- гæс æмæ/тæрхъуоы лæппыны ’рдæм йæхи раскъæрдта. Тæрхъусы лæппын йе ’намонд базыдта æмæ удаистæй къз’дзиты ’рдæм лтахтис. 'Фæлæ йыл уæдмæ цæргæс йæхи ныццавта, йæ къæх- ты ’хсæн «æй .акодта æмæ йæ аскъæфта хъæды ’рдæм. Мæнкæ тæрхъусы тæригъæд оахъарыд æмæ мæ цæстысыгтæ æркалдысты. Ме ’мбæлттæй та кæмæдæрты худæг фæкаст, сæ чыр- чырæй тш æнцадысты. — Лæппзигæ, тæрхъусы лæппыны хабар уын зондамонæн фæуæд. Дунейы хабар дæр афтæ у: тыхджын ссæнды æдыхы, тыхми йын кæны. Хи хизын хъæуы, ацы дз’нейы цы сау тыхтæ ис, уыдонæй. Уыцы тæрхъз^сы .лæппын уымæн цæвиттонæн бæззæд. Æз Абрез’ы хъæуы бын, фæндаджы былыл цы бæрзонд фæтæн æнгузы бæлас уыд, уымæ фæкомкоммæ дæн. Бæлас йæ фидар къа- хыл лæз^ыд æмæ урсхъуын авдсæрон уæйыджы каст кодта махыр- дæм. Бæлас мын Дриаты Антъоны æрбалæз’уын кодта мæ зæрдыл æмæ афтæ бакодтон: — Дриаты Антон дæр æй хорз зыдта, гуырдзиаг меныпевиктæ йæ кæй амардзысты, фæлæ сæ уæддæр уалæ уыцы бæласы бынæй — мæ къух адардтон^æнгз’зы бæласы ’рдæм — иунæгæй æхста, æмæ цагъта, цалынмæ йæ нæмгуытæ нæ фесты, уæдмæ. Стæй дыууадæс цæфы уыд, афтæмæй сæ размæ рацыд æмæ ныхъхъæр кодта: — Уæлахиз уæд Советон Ирыстон! Мæ ныхæстæ гуырдзиаг лæпп)'ты зæрдæмæ нæ фæцыдысты, Кæцыдæр сæ мæ чъылдымы фæстæ багуым-гз’ым кодта: — Уæддæр Георги Саакъадзе Дриаты Антонæй тыхджындæр уыд! Æзта;афтæ: — Реорги Саакъадзе та Саккаты Георги уыди. Уый дæр Антонау ирон лæг уыди. Бæгуыдæр уыди тыхджын æмæ хъæбатыр. Уыдонмæ мæ ныхас хорз нæ фæкасти. Цыдæр ам цæф-з’ым цæф ныхæстæ;ма кодтой. Уæдмæ нæ Полинæ.æрсабыр кодта. Фæсаходæн ныххæццæ стæм Квемочаламæ .æмæ з’ым автобусы абадтыстæм. Мах/дзæбæх цæттæ уыдыстæм, æмæ нæ из’уылдæр айстой фæ- комцæдисмæ, радтой нын билеттæ, æмæ рараст стæм фæстæмæ фис- тæгæй — автобз’с нал рацыд æвзæр фæндаджы тыххæй. 66
Махæн нæ цинæн кæрон нал уыд. Нæ риуы дзыппытæй-иу нæ билеттæ сз’сæгæй фелвæстам, æркастыстæм-’иу сæм æмæ та-иу сæ фæстæмæ авæрдтам сæ бынæтты. Полинæ з’Ьфыссаг уыд, хæрз æвзонг, афтæмæй зондджын, но- джы рæсугъд. Æз æй бирæ уарзтон, фæлмæнзæрдæ æмæ хорз адæймаг кæй уыдис, з’ый тыххæй, стæй, мæ сабибонты з’арзон Изойы хуызæн кæй уыдис, з^ыйтыххæй. Ныр нæ билеттыл куыд цин кæнæм, уый фиппайдта, йæ мидбыл- ты-иу 6ахзгдти, афтæмæй йæхи афтæ дардта, цыма нæ нæ уыны, фæлæ йын æхсызгон кæй уыд, мах нæ билеттыл кæй цин кодтам, уыцы хабар, уый йыл уæддæр зынди. Дæс километрæй фылдæр фистæгæй фæцыдыстæм. Квемочаламæ куы схæццæ стæм, уæд æризæри. Ахз’ыргæнæг нын загъта: — Цæй, ныр лæппз^тæ ахсæв ам мæ хомæ баззайæм. Кæннод æгæр бафæлладькяут. Мит уары, дымгæ дымы, уазал тыхджынæй-тыхджьш- дæр кæны. Цæз’ын та нæ нырма бирæ хъæзпы — авд километрæй фылдæр. Мах куы нæ сразы стæм Квемочалайы баззайьшыл, уæд ахз^ыргæнæг дæр немæ рацыд. Мах æй нæ уагътам, фæлæ нæм з’ый нæ байхъз^ыста. Квемочалайы сæрмæ кз’ы схæццæ ’стæм, зг^ед быдыры фæндаг Къодисцкъаройы ’рдæм æппындæр нал зынд. Мит æй хъæпæны бын фæкодта. Махæн дымгæ з’азал мит нæ фындзы хуынчъытæм æмæ нæ дзыхмæ цавта. Нæ астæуты онг миты ныгъуылдыстæм, хуыдуг кодтам, афтæ- мæй лæгæрстам размæ, кз’ырмæй кæрæдзийы фæстæ ныххал стæм. Полинæ разæй куыд цыдаид, афтæ хъавыд, фæлæ йæ мах нæ З’агътам. Лæппутæ кæрæдзийы ивтам: куы нæ иу цыди разæй, куы та — иннæ. Нæ билеттæ дæр-иу асгæрстам, тарстыстæм сын, дымгæ нын сæ кз’ы аскъæфа, уымæй. Стæй-иу нæ цыма цыдæр тых дæр бауагътой. Иу ахæмы нæ хъустыл æрцыд бирæгъты низпын. Кæсæм, æмæ уартæ нæ ныхмæ ’рбацæуы бирæгъты бал. . Мах, ахуыргæнæджы уынаффæмæ гæсгæ рæгъ-рæгъы митыл дæлгоммæ ахз’ыссыдыстæм. Нæ рæттæ райхæлдтам æмæ сæ нæ син- ты сæрмæ фæйнæрдæм тылдтам. Бирæгътæ нæ, æвæццæгæн, кæлмытæ фенхъæлдтой, фæтарстыс- ты æмæ нæ фæрсты сæхи айстой. Къодисцкъаромæ кз’ы бахæццæ стæм, уæд нæ хид нæ уæлæ ныс- салд, афтæ уазал кодта. Не ’мбæлттæй æртæ гуырдзиаг лæппз’йы Къодисцкъаройæгтæ уыдысты. Маен Хъарапинамæ хъз’ыд цæуын. Иу ирон лæппуйы Ренемæ, иннæ ироны та Нигозамæ. Полинæ нæм дззчры: — Дарддæр йæ къах мачиуал авæрæд! Къодисцкъаройæгтæй ал- чидæр иннæтæй иуы йемæ акæндзæн. Къодисцкъаррйæгтæй йæ хъзгс ничи æрдардта ахуыргæнæджы ныхасмæ. Æмæ уæд Полинæ афтæ бакодта: — Уæдæ цомут из’уылдæр мемæ, ахсæв скъолайы агъуысты сбон кæндзыстæм! Мах, ирæттæ, ацыдыстæм скъоламæ, гуырдзиаг лæппзигæ та — 67
сæхи хæдзæрттæм. Ахуыргæнæг нын пецы арт скодта, æмæ дзæбæх бахъарм стæм, цыдæртæ дæр ахордтам, тæвд цай дæр бацымдтам. Мæн тынг æрфæндыд нæхимæ —мæ билет тагьддæр куы равдыстаин нæ бинонтæн, æмæ мæ царды фыццаг хатт гæдыныхæстыл схæцыдтæн: — Ме ’мкъласон Михайы афтæ фæндыд æмæ уыдонмæ куыд ацæ- уон. Ауадз мæ, тæригъæд у Миха. Ахуыргæнæг мæм цыдæр зæрдæхсайгæ каст æрбакодта. — Æмæ уæдæ æрдæбон куы ницы загъта... Ацу, кæд дæ афтæ фæнды, уæд. Михайæн йæ мад ирон уыд, фæлæ, æвæццæгæн, йæ сæрмæ нæ хаста, ирон хæрæфырт кæй у, уый — никуы йæ никæмæн схъæр кодта. Сылгоймаджы йæхиуæттимæ дæр иронау дзурын нæ.уагътой, æмæ сæм. уымæ гæсгæ сылгоймаджы ’рдыгæй уазæгуаты дæр ничи- уал цыдис, æмæ дзы куыд фæстагмæ ферох и ирон æвзаг. Йæхион- тæн сси æцæгæлон адæймаг. Ахæм сылгоймæгтæ ацы хъæз^ы иу цалдæр уъщ. Æмæ, дам-иу афæдз иу хатт сусæгæй æрæмбырд сты, æмæ, дам-иу се ’намонд цар- дыл ставд цæссыгæй фæкуыдтой. Æз скъолайæ куы рацыдтæн, з^зед Михатæм нæ, фæлæ нæхимæ рафардæг дæн. Уазал дымгæ фæтыхджындæр. Талынджы миты ты- мыгъæй ницы уыдтон. Æмæ мæ цæуын Сæрибары ’рдæм хъуыд, цæугæ та Абреуы ’рдæм акодтон. Цæуын — лæгæрдын. Уалынмæ та мыл бирæгъты ни)^ын ссыд. Хæрз æввахсæй. Æз, мæ амондæн, мæ комкоммæ цы иунæг бергъена бæлас уыд, уымæ баз- гъордтон æмæ йæ тæккæ цъуппæй акастæн бæласæн. Бирæгътæ бæласы бын бамбырд сты, сæ сæртæ хæрдмæ ныхъ- хъил кодтой æмæ ниуынц. Бирæ кз^ы фæниз^дтой, уæд бæласы бынмæ се ’рбадæнтæ фездæхтой, æмæ сæ гыбар-гыбзфæй бæстæ сæ сæрыл истой. Сæ хъылма ме ’рдæм бæласыл сз^агътой, æмæ мæнæ, мæхи бæласы къалиумæ мæ ронæй нæ бабастон, уæд рахаудаин. Уыцы хъылмамæ сæр зилгæ кодта, зæрдæ та — хæццæ. Бирæгътæ сæ бон куы базыдтой, уæд та сæхи айстой хъæды ’рдæм. Уым ма сæ иу мæллæг бирæгъ баззад. Уый, æвæццæгæн, йæхи мар- ды ’фсон скодта, — бæласы бын уæлгоммæ мардау хуыссыд. Бæласæй куы ’рцæйбырыдтæн, ныр зæхмæ ныггæпп кæнон куыд загътон, афтæ дын йæ мукъу сивеезта. Æз бæласæй нал æрхызтæн. Мæ зæрдыл æрбалæууыд мæ фыды дзыхæй фехъусгæ цъинагайраг Артемы хабар. Артем иу мæйрзгхс æхсæвы йæ галты сифтыгъта узердоны æмæ ацыди хъæдмæ суг Дасынмæ. Бон дзир-дззф кодта, афтæ схæццæ хъæдмæ. Суагъта йæ галты, æмæ цъæх нæз^уьхл хизынц. Йæхæдæг иу стыр кæрдо бæласы бын æрбадт дурыл æмæ улæфы. Иу ахæмы ауыдта: уæртæ иу арс къз^дзитæй рабырыд, Артем фе- стад, æмæ йæ арс кз^ыннæ’ федтаид, афтæ кæрдо бæласы цъз’пмæ сбырыд æмæ ныхъхъус. Арс æрбацыд кæрдо бæласы бынмæ. Гыццыл алæз’уьщ, стæй сбы- 68
рыд кæрдо бæласыл æмæ райдыдта кæрдо хæрын. Ратоны кæрдо йæ дзæмбыйæ, мæйрухсмæ йæ адары: кæд цъæх вæййы, уæд æй зæхмæ аппары, кæд рæгъæд, уæд та йæ йæ дзыхы акæны. Йæ алыварс рæгъæд кæрдотæ куы нал ардта, з’æд з’æлдæр сбы- рыд. Ратыдта иу кæрдо, æмæ йæ Артемы ’рдæм бадардта — уыцы рæстæджы мæй уыцырдыгæй рухс кодта. Артем афтæ фенхъæлдта, арс ын кæрдо дæтты, æмæ фыр тæссæй ныббогъ кодта: — Адде кæн дæ кæрдо! Нæ мæ хъæуы! Арс æнæнхъæлæджы хъæрæй фæтарст, бæласæй рахауд, йæ бæр- зæй йæ быны фæци æмæ бæласы бын ныддæргъ. Артем афтæ фенхъæлдта арс мæлгæ акодта. Æрбырыд бæласæй, йæ галтæ сифтыгъта, стæй гæрзбæндæнæн йæ иу кæрон уæрдонмæ бабаста, иннæ кæрон та — арсы хъуырыл. Бабадт уæрдоны, бацагайдта галты — хъуамæ арсы сыфцæй нылласа йæ хæдзармæ. Арсæн йæ бæрзæй !куы аивæзт, уæд æлвæст хъз’лтæ сæ бынæтты абадтысты æмæ фæгæпп кодта. Артем, арс йæ къæхтыл лæууы,'уьш кзпы ауыдта, узед згжрДонæй атæррæтт ласта æмæ лидзынмæ фæци. Арс йæ сæр фелвæста бæндæны цæгæй — æмæ лæджы ма’асура. Артем, уьш кз^ы базыдта, арс æй æййафдзæн, уæд йæ бæмбæджджын хз^д йæ сæрæй фелвæста, йæ рахиз къз^хыл æй атыхта, фæзылд фæс- тæмæ, æмæ, арс йæ дзых куы фæхæлиз’ кодта, уæд ын йæ хъуыры йæ цонг атъыста. Арсæн йæ з’лæфæнтæ ахгæдтой, æмæ зæххыл æрхауд. :Артем йæ цонг куы сцæйиста, уæд, та арс базмæлыд, фæлæ йын узедмæ Артем йæ дызуæ хъусы ацахста, сыздыхта сæ, й’æ къахæй йæ батъæпп код- та æмæ йæ хъæз^мæ ныккодта. 1 Æз дæр ахъз^ыды кодтон: «Лæгдзинад равдисон æмæ ацы бирæгъы хъæз’мæ ныккæнон». Бæласæй фидар хус хъил расастон. Хъилы изг кæроныл мæ бæм- бæджджын зæронд хз’Д стыхтон, иннæ кæрон мæ рахиз къухæй ных- хæцыдтæн, галиу къухæй та бæласы къалиуыл хæцыдтæн — æмæ йæ бирæгъмæ æрдардтон. Бирæгъ йæ дзых кз’ы фæхæлщ’ кодта, уæд ын йæ хъз^ыры хъилы кæрон фæцавтон. Бирæгъ зæххыл атылд. Æз хъи- лы афтæ тыхджын нысхуыстон æмæ æрбасаст, йе ’рдæг мæ къухы аззад, иннæ бирæгъы дзыхы хъилæй баззад. Бæласæй æрбырыдтæн, сыстын кодтон бирæгъы, йæ хъустæ йын сивæзтон, фæлæ бирæгъ.цæз^ын нæ фæрæзта. Зæххыл атылд. Æз бйрæгъы нызуагътон æмæ рараст дæн хæдзармæ. Дымгæ дæр фæлæу- З^ыд, мит дæр нал уарыд, æмæмæм Къодисцкъаройы рухсытæ разын- дысты. Иу цъз^с кзгы рацыдтæн, уæд, мыл бирæгъ фæстæрдыгæй йæхи кз^ы ныццæвид. Мæнæн мæ тъæпп зæххыл фæцыд, уый ме ’ккой абадт, райдыдтам хæцын. Мæнæн бирæгъ мæ быны куы фæци, уæд йæ дзыхы цы хъил уыд, уый ацахстон æмæ йæ ноджы арфдæр атъыс- тон бирæгъы ’хурхы. Ныр бирæгъ æфсон нал кодта, фæлæ æцæгæй ныххуыдуг æмæ ныммард. Иу-дзæвгар ауадаин æмæ мыл мæ фыд 69
куы ’рбамбæлид — æвæццæгæн, мады зæрдæ рахсайдта æмæ йæ мæ размæ рарвыста. Хадойæн бирæгъы хабæрттæ куы радзырдтон, уæд бирæ фæхудт, стæй афтæ: — Ацы хабар макæмæнуал радзур, æндæра дыл адæм, мæнæ æз куыд худын, афтæ фæхуддзысты. Уæд мард уыди уыцы бирæгъ, æмæ уый зæгъай. Мæнмæ мæ фыды ныхæстæ тынг бахъардтой, кæмдæр мæм мæ митæ худинаг æркастысты, æнæбары ма бакодтон: — Мард нæ уыди. Æнæуи æцæгæй дæр мæллæг æмæ зæронд уыд, фæлæ мæн цæмæй бахордтаид, уый бæрц тых ма йæм уыд. Дæхæдæг куы фæзæгъыс: «Зæронд бирæгъ дыгæйттæ хæссы». Фыд мын мæ ныхыл йæ къух æруагъта, æмæ, хидæйдзаг дæн, уый кз’ы базыдта, з’æд афтæ: — Ахсæв фæстæмæ скъоламæ ныццу, æмæ уым баззай, æндæра хидæйдзагæй суазал уыдзынæ æмæ фæрынчынæн æндæр нæ хъæуы. Амæй фæстæмæ та йæ зонгæ кæн: бон дыл кæм баизæр з’а, уым сбон кæн, цæмæй фыдбылызы ма бахаз^ай. Фыд мын йæ хз’Д мæ сæрыл æркодта, йæхи хъустыл йæ хъз’ыр- бæттæн æрбаста, æмæ фæстæмæ араст стæм скъолайы ’рдæм. Ахуыргæнæг мæ куы азпыдта, уæд джихæй аззад æмæ мæ афарста: — Кæд Михатæм нæ бацыдтæ, уæд кæм уыдтæ нырмæ? Æз йæ разы мæхи бакъз’лтæ кодтон: — Дуар нæ бахостон. Æфсæрмы кодтон. Сæ кæрты лæууыдтæн, кæд сæ, зæгъын, æддæмæ исчи ракæсид æмæ мæ мидæмæ бакæнид. Полинæ та пецы хус сугтæ бакалдта, æмæ та арт сцырын. Мах дзæбæх куы схъарм стæм, з’æд ныл хуыссæг уæлахиз кæнын байдыд- та, æмæ нæ бандæттыл æркув- æркув кодтам. Полинæ нын нæ сæрты йæ хъæбысы æрæвæрын кодта. Йæ дыз’уæ къухæй нæ æрбахъæбыс кодта, æмæ афтæмæй ныффынæй стæм. Райсом раджы нæ мæрзæг зæронд ус куы райхъал кодта, уæД нæм нæ ахуыргæнæг рæвдаугæ цæстæнгасæй каст æмæ йæ мидбылты хз’дт. Уала æмæ Сала Нæ хъæуы шашкæтæй хъазын бирæ з^арзтой. Хъазыдысты ас лæгтæ дæр, сывæллæттæ дæр. Суанг, чи базæронд и, уыдон дæр ма-иу ныг- гуыбыр сты шашкæтæм. Фæлæ З’эеддæр, æвæццæгæн, мæ бæрц ничи з’арзта шашкæтæй хъазын нæ хъæуы. Ахæм æхсæвтæ мыл бирæ ацыд æмæ-иу мыл шаш- кæтæй хъазгæйæ кæд сбон и. Иу бон куы уыди, уæ’д мын мæ фыд афтæ зæгъы: — Мæ хъæбул, бавдæл æмæ дæ шашкæт^ей хъазын ныз^уадз. — Цæмæн? — бафарстон мæ фыды. 70
— Тæрсгæ дын кæнын. — Цæмæй? Фыд мын исдуг дзз’апп нæ радта. Уырдыг лæууыд æмæ зæхмæ касти. Æрæджиау афтæ: — Тъехты Джеры таурæгь никуы фехъуыстай? — Никуы. Фыд мæ фарсмæ æрбадти къодахыл, мæ разы цы шашкæты фæй- нæг уыд, уымæ цасдæр æдзынæг фæкаст, стæй загъта: — Уæдæ мæм байхъз’с, мæ лæппу. — Хъусын дæм, мæ фыд. — Ам, нæхимæ, Хуссар Иры иу лæгæн райгуырд дыууæ фаззон лæппз’йы — Уала æмæ Сала. Лæппутæ кзчеддæр райгуырдысты, афтæ сæ мад амард. Сæ фыды та сын гз’ырдзиаг æлдары фырт абырджы- тæн амарын кодта. — Цæмæн? — нал фæлæз^ьщтæн æнæ бафæрсгæ æз. — Цæмæн, кз’ы зæгъай, уæд з’ымæн, æмæ лæппуты фыд чи уыд, Бецкъа, уый йын йæ фыды амардта. , — Æлдары фыртæн йæ фыды амардта? — Æнæмæнг дæр афтæ — йæ фыды. — Цæмæн? — Уымæн æмæ, уыцы ирон хъæу, цы зæххыл уыди, уыцы зæхх æлдар йæхи хз^ыдта. Æмæ сæ хъалон иста. Йæ хъалонисыны афон- иу сæ уæлхъус æрбалæз^ьщ æд чапартæ, æмæ дæм ис-нæй, уæддæр — фидгæ. Афтæмæй та иу хатт кз’ы уыди, уæд æрбацыди. Хъæуы лæгтæ бадтысты хъæуы астæз’ къуыппыл æмæ шашкæтæй хъазыдысты. Æлдар сæ уæлхъз^с æрлæз^уыд уæлбсехæй æмæ сæм дæлæмæ дзуры: — Гамарджобат, тъилианебо! Ома, дам, уæ бон хорз, сыстæйдзæгтæ. Лæгтæ кузъшдæр фестадысты æмæ ныллæг акуывтой æлдарæн, фæлæ Бецкъа шашкæтæй хъазьщ, кз^ьщ хз’ыздæр ацæуа, ууЬ1Л хъуьщы кодта æмæ змæлгæ дæр не скодта йæ бынатæй. Æлдар, Бецкъа стынвæнд нæ кæны, уый куы бамбæрста, узед хъама фелвæста, æрæвнæлдта уæл- бæхæй æмæ Бецкъайы хъус атæхын кодта йæ тæккæ рæбыныл. Бецкъа фæгæпп кодта, æлдары раивæзта уæлбæхæй, йæ хурх ын ацахста, бæхæй йæ разыввытт кодта. Æлдарæн йæ хъама йæ къухы, афтæмæй атахти бæхæй, йæ сæр дзгрмæ ахаста æмæ дзыхъмард фæци уыцы ран. Йемæ цы дыз^уæ чапары з’ыд, уыдон сæ бæхтæ фæцагайд- той æмæ лидзынмæ фесты. Мæнæн мæ зæрдæ гыццыл лæппз’тæм ахсайдта, æмæ афарстон мæ фыды: — Стæй фаззæттæ цы фесты^ — Уалайы йæ фыды ’фсымæр Лекса. ахаста сæхимæ, Салайы та — фыдыхо. Фыдыхо дард кæмдæр царди Гз^ырдзыйы, мæгуырæй цар- ди æмæ кæмæндæр радта лæппуйы. Ныр, а Уала чи уыд, уът шаш- кæтæй з^ый хуызæн хъазьщ, æмæ йæ æмбз^лæг не ’мбылдта. Кæцæй йæм нæ цыдысты, ахæм бæстæ нал баззад, фæлæ сæ йе ’мдых дæр никуы ничи разынди. А Сала чй у, уый дæр афтæ хорз хъазыди. Фæлæ уымæн пайда нæ фæци, хорз кæй хъазыд, згый. 71
— Цæмæн? — Из^хатт æм æддар йæхимæ басидт æмæ, дам, шашкæтæй ахъазæм. — Ахъазæм, — сразы и Сала. Ахъазыдысты ’мæ æлдар фæхæрд, уæдæ цы кодтаид. Уæд йæ къух дард фæхаста ’мæ дзæхст Салайы русæн. Сала йæм февнæлдта, æрбынæй йæ кодта æмæ йæ тугомынты фæкодта. Уыйадыл ахæстоны бамидæг. Фæлæ уырдыгæй дæр фервæзти а шашкæты рз’аджы. — К}гыд æгьдауæй? — нал та фæлæууыдтæн æз. — Багьæц, — йæ тъæпæн къух мын мæ сæрыл æрæвæрдта фыд. — Хъуъщд&г афтæ рауад, æмæ ахæстоны хицау шашкæтæй хъазынæй фылдæр ницы з’арзта. Фæдзырдта Саламæ æмæ йын бамбарын кодта: — Ахъазæм æмæ, кæд æз рамбз’лон, уæд дæ ссæрибар кæндзынæн. Сала цæйнæфæлтау фæхæрд уыдаид, фæлтазг мæлæтыл дæр разы уыд. Фæлæ хъазгæ-хъазын хъазæндуртæй из’ыл куыддæртæй йæ къух аныдзæвд. Ахæстоны хицау æй уымæй рацæз^ын кодта. Афтæмæй фембылд æмæ йæ раз’агъта ахæстонæй. Сала йæ мыггаг нæ зыдта, уымæн æмæ йæ, чи схъомыл кодта, уый йæ йæхи мыггагыл ныффыс- та. Уæдæ йьга кæмдæр æфсымæр и, з’ьш тæ йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди. Уæдмæ йæ чи схъомыл кодта, уыдон амардысты æмæ иунæ- гæй царди, йæхи шашкæтыл ирхæфста. Афтæмæй йæм æрыхъз’ысти Уалайы кой. Æмæ сфæнд кодта — фæцæуа йæм æмæ йемæ ахъаза. Кзгы фембæлдысты дыууæ фаззоны, згæД сæ дызгуæтæн дæр сæ хуыз фæцыд, ныффæлурс сты æмæ зыр-зыр кодтой. Афтæмæй Уала бафарста Салайы: — Дæ мыггаг кæмæй у? — Дзыгъойтæй, — дзуапп радта Сала. — Æз та Тъехтæй дæн. — Мæнæн мæхи мыггаг нæу, — ныхас йæхимæ айста Сала. — Æз кæмæй дæн, уый нæ зонын. — Куыд нæ йæ зоныс? — Чи мæ схъомыл кодта, уыдоны лæппу нæ дæн. Кæцæйдæр сæм бахаудтæн. Ууыл сæ рафæрс-бафæрс фæци. Баныхас кодтой сæ хъазты уавæртыл. Кæд æмæ Сала рамбылдтаид, уæд ын Уала хъуамæ йæ исбон рад- таид. Кæд æмдыхтæ разындаиккой, уæд та йын хъуамæ йе ’мбис радтаид йæ фæллойæн. Афтæмæй æмдых куы разыниккой, æмæ Сала уым баззад цæргæйæ Уалайы хæдзары. Цардысты æмæ сфæнд кодтой хъуыддæгтæ бакæнын. Кæмдæр уыцы бæсты з^ыд дыууæ фаззон чызджы. ХзФтæ ’мæ сæ мæйтæ кас- ти, ахæмтæ. Ныр чызджытæ цæрмæстыгъд бакодтой кæрæдзийы, афтæ æмхуызæттæ з^ыдысты. Лæппз^тæ дæр куыд нæ уыдаиккой æмхуы- зæттæ! Афтæмæй хæццæ кодтой кæрæдзийы — чызджытæ лæппуты, лæппутæ — чызджыты. Бирæ фæхъуыды кодтой, чи сæ кæй З’арзы, уый сбæрæг кæныныл æмæ æрхъуыды кодтой: шашкæтæй ахъазæд æмæ.чи рамбула, уый равзарæд чызджытæй иу. Дæс боны ’мæ дæс æхсæвы фæхъазыдысты, хор-доны хъæстæ нæ фæкодтой сæхи, аф- тæмæй смæллæг сты, сæ удтæ удыл нал хæцыдысты, фæлæ сæ ничи 72
рамбылдта. Уæд æндæр ницуал зыдтой сæ сæртæн æмæ хал сæппæр- стой. Хал сæппæрстой, дуне ныддæлæ-уæлæ кодта æмæ сæ, чи кæй уарзта, згый нæ, фæлæ иннæйы хал схауд. Лæппутæ нæ бафæрæзтой уыцы хъысмæты сайдæн — сæ зæрдæтæ аскъуыдысты æмæ фæрсæй- фæрстæм ахаудысты зæххыл. Раст з’ыцы рæстæджы чызджытæ сæ агурæг рацыдысты — цы фесты, загътой, æрцæз’инаг нæм’.куы з’ыдысты. Æрхæццæ сты, æмæ де знаг — афтæ: лæппуты мардæй æрæййæфтой. Иу.сыбырттдæр сæ никæмæй схазтщ, афтæмæй нывнæлдтой, сæ хъаматæ сын сластой сæ кæрддзæмтæй æмæ сæ сæ риутæ бакъæртт кодтой. Фæйнæ сонт улæф- ты ма скодтой æмæ лæппуты уæлæ æрхаудысты. Уарзты тых йæхион бакодта. Мæ фыд йæ ныхас фæци, йæ хъæлæс барызти, йæ цæстытæ ас- хъаудта, стæй ма загъта згый фæстæ: — Уыдонæн се ’мбисонд сæхи згзед, Уала.æмæ Салайæн, фæлæ æгæр-æгæр зæрдæмæ исын ницы хъæз’ы. Кæннод æгæргæнæг æгæр кæны. Æниу дæу Хз^ыцау æмæ йæ конд зæдтæ уымæй бахизæд. Сусæг цæссыгтæ Тбилисы метройы кæрæдзийы фæдыл ныххал сты æрвгъз^ыз ва- гæттæ æмæ гыбаргыбургæнгæ згъордтой иу станцæй иннæмæ. Вагæт- тæй иуы мидæг бандоныл йæхи ауагъта, йæ царды æмбис фæсте кæ- мæн аззад, ахæм нæлгоймаг. Куыд бады, уымæ гæсгæ афтæ зыны — кæмдæр фегæр и, фæлæ йын, йæ сабыр зæрдæмæдзæугæ цæсгоммæ чи бакæса, уый зæгъдзæн — з’адз æмæ аназа! Метройы кз’сджытæ, æвæццæгæн, сæ къух ауыгътой .— ницы федтой, кæнæ та йæм сæ цæсгом нæ бахъæцыд, кæй анызта, уый йын йæ цæстмæ нæ бадард- той.^Æмæ ныр цæз^ы ’мæ.цæуы иу станцæй иннæмæ. Йæ цæстæнгас у кæдæмдæр дард арæзт. Йæ дыуз^æ цæсты иу ранмæ ныццарæзта, фæлæ сыл сылæг мигъ кæй бадти, уымæ гæсгæ сæ уынгæ ницы кодта. Йæ алыварс цы змæлд уыд, уымæй дæр ницы иста йæ удмæ — йæхи сагъæстæ йын фагæй уæлдш з’ыдысты, æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ йæ дыууæ цæстыл цы фæйнæ цæссыджы æртах фæзыны, уыдон æнæ бафиппайгæйæ æрхаз^ынц йæ тæрттыл. Йæ ныхмæ, иннæ бандоныл цы нæлгоймаг бады, уый йæм кæсы ’мæ кæсы. Афтæ йæм кæсы, æмæ йæ, кæм рахизын хъуыд, уым нал рахызт — байрох дзы и, хизын æй хъуъщи, уът. . — Кæройнаг æрлæууæн! — хъз^ысы хъæрæй. — Кзфæг уæ стæм, æмæ вагон ссæрибар кæнут. ^ ч Уыцы ныхæсты фæстæ поезд йæ цыд æрсабыр кодта, стæй æрлæу- уыд, рухс лæсæнтæ кæм кодта, уыцы перроны. — Поезд дарддæр нал цæз^ы,.'—■ дзуры йæм йæ ныхмæ чи бадти, уыцы нæлгоймаг. — Ахизын хъæз^ы ам. Бæлццон, цыма хъал раци, уый змæлд бакодта, йæ цæстытæ асæрф- 73
та, фестад æмæ æддæмæ цæуыныл фæци. Йæ ныхмæ чи бадти, уый дæр йæ фæстæ рахызт. — Хатыр бакæн, — лæг цæхгæрмæ иннæ перронмæ кз’ы бараст и, уæд æй фæ}фæдта, — фæлæ дæ цыма кæцæйдæр зонын æмæ цымæ кæцæй? Лæг æм иу каст æрбакодта — афтæ к}пыд фæндыйы каст. — Цыма дæ никуы федтон. — Æфсады нæ уыдтæ? — Уыдтæн. — Кæм службæ кодтай? — Уралы. — Ацы хатт æм комкоммæ бакаст — Дæ ном цы хуыйны? — фæуæндондæр и лæг. — Иртаг. Дæ ном та? — Хазби. — Хазби! — Иртаг! Кæрæдзимæ фæлæбурдтой дыууæ нæлгоймаджы æмæ ныхъæбыс кодтой кæрæдзийы. Стæй æрæджиау, сæ кæрæдзийы не суагътой, афтæмæй бараст сты эскалатормæ. И}'мæ службæ кодтой. Ныр нал базыдтой кæрæдзийы. Хазби йæхæдæг — гуырдзийаг, йæ мад — ирон. Иртаг æй хъазгæйæ гуырдзи- йаг ирон хуыдта. Дзургæ дæр-иу иронау кодта йемæ. Гыццыл раздæр, вагоны ма ныхæй-ныхмæ К}'ы бадтысты, уæд æм цымыдис æвзæрди — уæдæ чи уа ацы зонгæ-æнæзонгæ нæлгоймаг? Ныр та йын йæ цæссыгтыл дис кодта: цæй фæдыл уыдаиккой уыцы цæссыгтæ, уыцы тымбылтæй-иу кз’ы ратылдысты цæстытæй æмæ-иу уыцы уæззауæй йæ пинджакы тæрттæм куы ’рхаудысты, з’æд? Уæдæ! Цард хур, уæлдæф æмæ донæй у. Дон та цæссыг йеддæмæ ницы у. Бирæ цæссыгтæ куы баиу вæййынц, уæд сæ рауайы дон. Бæласæн йæ фарсы фæрæт куы ныссадзæм, уæд йæ цæссыгтæй сдзæ- бæх кæны йæ хъæдгом. Уæдæ арв дæр истæ^^ыл куы смæсты вæййы, уæд гуыр-гуыр кæнын райдайы, æмæ нæ банцайы, цалынмæ ставд цæссыгтæ нæ ныккалы зæххыл, уæдмæ. Уыцы рæстæджы уæлдæф та йæхи фæнайы уыцы сыгъдæг цæссыгты, ссыгъдæг вæййы, афтæ ссыгъдæг вæййы, æмæ дзы дуне фæзыны. Æмæ цард фæйнæрдæм цæуынтæ байдайы. Зæхх та сындæг-сындæг ныхъуыры ’мæ ныхъуы- ры арвы цæссыгтæ. Уыдонæй, уыцы æрвон цæссыгтæй хъомысджын- дæр кæны зæхх, æмæ стæй уыцы хъомысæй равзæры хъарм, цæрæг удæн дæр æмæ зайæг халæн дæр удхос чи у, ахæм хъарм... Фæзилæнмæ куы бахæццæ сты, уæд рахизæрдæм баздæхтысты, З^артæ, бæрзонд цæрæн хæдзæрттæ кæм уыди, уыцырдæм. Цыдысты æмæ сабыр ныхас кодтой. Æмæ уæд сæ цæстытæ æрхæцыдысты, фале, бæлæсты бын, цыма изæрмилтæ уыд, уыйау аууон кæм бадт, уым, цалдæр лæппуйы æртымбыл сты иу ацæргæ лæгыл — чи йæм сæ куыд æххæсти, афтæ йæ цавтой, чи — тымбыл къухæй, чи — къахæй. Иумæ та сæ лæдзæг уыди, æмæ та-иу бавнæлдта лæджы сæрмæ йæ лæдзæгæй. Лæг — фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй, йæ службæ чи ныу- уагъта, ахæм афицер — лæппуты цæвгæ нæ кодта, фæлæ-иу сæ кæй 74
рацахста, уый-иу из’варс акъз’ырдта п}фтийау. Уалынмæ, иннæтæй стырдæр чи з^ыди, уъш къз^сы кард кз’ы ферттивид! Фæстæты фæхъуызы, хъуамæ лæджы чъылдымырдыгæй ныццæва кардæй. Иртаг ’мæ Хаз- би уый федтой, цы! Сæхи аппæрстой размæ. Куыддæр бахæццæ сты бæлæсты бынмæ, афтæ Хазби йæ хъæдын къахæй хæрдмæ сцавта къулбадæг лæппуйы къух, æмæ йæ кард иуварс атахти йæ къз’хæй лæппз^йæн. Уæдмæ сæ уæлхъз’с фæлæууыд милицæйы машинæ. Лæп- путæ лидзынмæ фесты, милиционертæ сæ фæсте асырдтой. Лæг арфæ ракодта Иртаг æмæ Хазбийæн, йæ къз’хсæрфæн систа æмæ дзы йæ ныхы’туг асæрф-асæрф кодта. Хазби йæ цуры лæз’З’ьщ, Иртаг телефонæй адзырдта тагъдæххуысы машинæмæ. Хазбийы бинонтæ уыдысты хъæуы, фæлæ къз’ымтæ з’ьщысты хæрзæфснайд æмæ сыгъдæг. Иртаг хæргæ нæ бакодта. Иу агз’ывзæ арахъ банызта æмæ уай- тагъд йæ хуыр-хуыр ссыди. Хазбийыл хуыссæг нæ хæцыд. Бадти, комкоммæ касти Иртагмæ æмæ йæ цæстыты раз кæрæдзийы фæдыл уадысты сæ службæйы бонтæ... Уæд командировкæйæ здæхтысты иумæ. Фæндагыл сæ машинæ фехæлд. Цас ыл фæцархайдтой — нæй, нал скуыста. Тымыгъ сыстад, уайтагъд хъæпæны бын фæци машинæ. Дыууæ ’хсæв æмæ дыуз^æ ооны хор-доны хъæстæ нæ фесты, афтæмæй фæбадтысты машинæйы. Æртыккаг бон дымгæ йæ ниуынæй фенцад. Бирæ фæрахъуыды-ба- хъуыдыйы фæстæ алыг кодтой: цæуын хъæуы, цалынмæ ма сæ бон цæуын у, уæдмæ. Араст сты. Цас сын бантыстаид уыцы арф миты лæгæрдын — уалынмæ Хазбийы хъæр ссыди. Иртаг разæй цыд æмæ нæ федта,.йе ’мбал цыдæр æрдзон арф згæрмгонды кз^ыд аирвæзти, уый. Æнæ рахæц-бахæцæй уырдыгмæ бырыныл фæци Иртаг. Хаз- бийæн йæ сæры туг калд. Иртаг йæ мидæггаг хæдоны дыс раскъуыд- та æмæ дзы сæры цæф бабаста. Стæй йе ’ккой скодта лæппуйы, кæд æй исты амæлттæй схæссид уæлæмæ. Фæлæ уый уыди тынг уаеззау хъуыддаг — уæрмгонд разынд арф, йæ къултæ — цæхгæр æмхæрд. Иртаг-иу сбырыд, Хазби йе ’ккой, афтæмæй, бирæ-иу æй нал хъз^ыд, ныфс-иу дзы бацыд, ныр кæд сирвæзид, фæлæ — нæй, фæстæмæ та- иу бырыныл фæци æмæ та-иу уæрмы бын балæууыдысты. Йæ хид йæ рустыл салд, йæ къæхтæ ’мæ йæ къухтæ бандæвтой. Цас фæфы- дæбон кодта — чи йæ зоны! Фæлæ иуафон бамбæрста — йæ уæнгты тых нал и. Ноджы Хазби йе ’муд нал цыди æмæ йын тæрсын байдыд- та, куы ныссæла! Уæлæмæ схизыны фæнд аппæрста æмæ ма йæм цы гыццыл хъаруйы муртæ уыд, уыдон æрæмбырд кодта æмæ райдыдта Хазбийы æууæрдын — йæ къухтæ, йæ хъустæ, йæ цæсгом. Иу рæс- тæджы йæхи æрæмбæрета Хазби æмæ æнæбары дзуры: — Ацу ды. Мæн ам уадз. Ды бахæццæ у. Мæнмæ рацæудзысты. Дзырдта, фæлæ йæ хорз зыдта, Иртаг куы ацæуа, уæд ын æнæ мæлгæ кæй нæй. Дзургæ та уымæн кодта, кæд ма йе ’мбал уæддæр фервæзид. Стæй йæхæдæг дæр тагъддæр æрæнцаид йæ хъизæмæрттæй. — Нæ, Хазби, æз афтæ нæ бакæндзынæн. Фæлæ ды фидар лæуу> ахæм уавæр нæма з^ыд зæххыл, æмæ рацæуæн кæцæй нæй. — Афтæ 75
дзырдта, йæхæдæг та’зыдта — фервæзæн сын нæй, æххуыс сæм’куы никуыцæй фæзына, }'æд. Æмæ кæцæй хъуамæ æрцæуа æххуыс, Тайгайы æнæкæрон хъæды цы дыуз’æ æрдæгмард салдаты дзьшазы, з’ыдонмæ! Æхсæв æрцыд æмæ з’азал фæфыддæр. Иртаг æмбæрста — æнцад кз^ы бадой, уæд сын æнæ ныссæлгæ нæй, æмæ ма йæм цы æнæбары тых З’ЫД, уьшæй архайдта — куы з’æлæмæ бырыныл фæлвæрдта, куы Хазбийы къз’’хтæ æмæ хъустæ æууæрста. Æрæджиау кæддæр æрбарухс. Ныр.’Иртаг дæр уыди бынтон æвæ- рæз, хуыссæг æй йæхимæ ’лвæста æмæ тыхтæ æмæ фыдтæй зфæдта йæхи — ма бафынæй уа.’Хазби уæдмæ бынтондæр ницуал æмбæрста, цæрдтæй мæрдтæм æввахсдæр и. Цыма кæмдæр лæууыди æмæ йæм Галинæ, йæ цæнгтæ байтыгъта, афтæмæй касти... Бонрæфтæм бирæ нал уъщ. Иртаг хуыссыд уæлгоммæ æмæ æнæн- хъæлæджы йæ цæстытæ æрхæцыдысты æнахз^ыр стыр цъыр-цъыра- гыл. Цъыр-цъыраг зылди сæ сæрмæ ныллæгæй-нæллæгдæргæнгæ æмæ стырæй стырдæр кодта. Иртаг æм кæсгæйæ баззади: куы-иу æм стыр, фидар, æфсæн хæрдмæтæх фæзынд, кз’ы та гыццыл, тæссонд, æнæз’Д цъыр-цъыраг. Хъæды кæрон сæм æнхъæлмæ касти машинæ. Уырдыгæй сæ уай- тагъд бахæццæ кодтой санитарон хайадмæ. Уыдоны бæргæ бахæццæ кодтой, фæлæ хистæр лейтенант Иванов æмæ кæстæр лейтенант Су- леймановы та газшвахты бамидæг кодтой. Цæвиттон, ’лæппуты. агурынмæ цæуын хъæуы, уый кз’ы алыг и, уæд хъуамæ ацыдаиккой машинæтыл — боныгъæд æвзæр кæй з’ыд, з’ый тыххæй тæхьшы бар лæвæрд не ’рцы- ди. Уæддæр Иванов æмæ Сз’лейманов, кз’ыд ничи сæ федтаид, афтæ- мæй стахтысты сæ хæрдмæтæхæныл. Ныр гаупвахтмæ фæцæйцыдыс- ты сæрыстырæй, сæ къæхтæ дзæбæх æмист кодтой, афтæмæй. Госпитæлæй Хазби рацыд лæдзджытыл — йæ къах ын лыг кæнын бахъуыд. Иртагæн æнцондæр раз’ади йæ хъуыддаг — æрмæст ын йæ галиу къахы дыз’уæ æнгуылдзы алыг кодтой. Райсом раджы райхъал ис Иртаг. Рудзынджы æдде ма уыди та- лынг, фæлæ æхсæвысзгдзгæ цырагъы дыдзырухсмæ дзæбæх уыдта, Хазби диваныл куыд адджын фынæй кодта, уый. Йæ нывæрзæн къу- лы æнцой лæз^ыди йæ хъæдын къах, æмæ афтæ зынд, цыма йын йæ сабыр фын хъаггæдта. Иртаг касти Хазбимæ æмæ кзъщдæр райхъал и, афтæ йæм бадзырдта: .— Дысон дæ истæмæйты бафæрсон, уыи мæ къухы нал бафтыд. Ныр мын ракæн дæ хабæрттæ.; — Уæдæ ’мæ уал мын ды ракæн дæ хабæрттæ, ды, æмæ дæм æз дзæбæх байхъзгсон. Стæй æз дæ’р ам уыдзынæн. Æмæ Иртаг райдыдта: — Æфсадæй куы æрыздæхтæн, уæд афæнд кодтон — ног арæзтæд:, тæй искуыдæм фæцæуын. Равзæрстон БАМ. Ацыдтæн, уæдæ цы уы- даид. Уым базыдтон иу ирон жеппуйы,-уым æй ныййæфтон. Лæппу уыди, куыд фæзæгъынц, кæм федтай ахæм.'— бæрзонд æмæ сагартæн, æнæуи хæдзонд, хæдæгъдау. Мах кæрæдзийæ наЛ хицæн кодтам. Кусгæ дæр иумæ, нæ изæртæ дæр — ’иумæ æрвыстам: ныхæстæ-иу кодтам, нæ 76
зонгæтæ ’мæ нæ хæстæджыты мысыдыстæм. Ирыстойнаг хабæрттæ иу кодтам кæрæдзийæн. Уалынмæ дын иу уырыссаг чызг уым куы бами- дæг уаид. Инженер. Ам нæхирдыгон институт каст фæци, æмæ йæ уырдæм арвыстой кусынмæ. Ныр кæд зæд никуы федтай, уæд уыцы чызгмæ бакæс. Уайтагъд уыйæппæт лæппу йæ алыварс зилдух систой. А ме ’мбал дæр — йæ ном Тæкка хуынди — уæззау улæфтытæ кæнын байдыдта. Фæлæ дзæгъæлы уыдысты йæ улæфтытæ.— чызг уый рав- зæрста, Тæккайы. Чындзæхсзев ныззылдтой. Ирон чындзæхсæв. Мæ- хæдæг — къухылхæцæг, уæдæ цы. Сæ цинæн кæрон нæ уыди. Фидау- гæ дæр тынг кодтой иумæ. Куы-иу рацæйцыдысты, уæд-иу уынг сфи- дьщта, цæуджытæ-иу сæм кæсгæйæ баззадысты. Фæлæ æрцыди, æппын- дæр æрцæуыны æнхъæл кæмæн ничи уыд, ахæм фыдбылыз: Гулия — афтæ хуынди йæ ном чызгæн — арын нæ бафæрæзта. Сывæллоны йын йæ фарсæй систой, лæппу, æнæхъæн фондз килæйы гыццыл хъуаг, фæлæ йæхæдæг бабын и. Тæкка фæзæрдæхæлд, адæмы хъæр æм нал хъуысти. Нуæзтæй йын бафсис нал уыд. Мæнæ йæ цыма ивгæ бачын- ди. Афтæмæй иубон куы уыди, уæд йæхи машинæйы ныппырх и. Сывæллон уæд сидзæрты хъæдзары уъщ, Æз бамидæг дæн, райстон лæппуйы æмæ нæхимæ æрфардæг дæн. Схъомыл æй кодтон. Йæ фы- дæй зæхмæ мур не ’руагъта — бæрзонд æмæ рæсугъд. Знон æй æфсадмæ афæндараст кодтон. Уым кæимæдæрты ресторанмæ фездæхтыстæм, æмæ мын дзы æгæр антыст, æвæццæгæн. Дæу дæр уымæн нæ бафип- пайдтон. Æнæуи дæр алы сагъæсты хай бадæн — цы уыдзæн ,мæ хъæ- бул, мæ сидзæр хъæбул? Бафæраздзæн царды уæззау фæлварæнтæн? Худинаг никуы æруадздзæн йæ сæрмæ? УыйХуыцау ма зæгъæд лæ- гæн. Уый æнамонды хъуыддаг у, стыр æнамонды хъуыддаг у уый. Фæлтау лæг лæгæй гыццыл фæцæрæд, цæйнæфæлтау æгадæй бирæ фæцæра. Дæлæ Рамзан, азербайджайнаг сырхæфсæддон куыд фæцар- ди, афтæ. Аст æмæ ссæдз удгоймаджы фервæзын кодта, Ныгуылæн Гуырдзыйы дон куы раивылди, уæд. Йæ цард сын нывондæн æрхаста. Уый цард уыди, гъе. Кæнæ уартæ Гаглойтæй и}^ далæ Афганы бæсты цас дзæбæхты бацыди мæгуыр адæмæн! Йæхæдæг фæмард, фæлæ йæ ном цæры уым дæр, Афганы бæсты дæр æмæ ам дæр. Уæдæ! Сæр куы бахъæуа, уæд хъуамæ лæг йæхиуыл фæстæмæ ма хæца, хъуамæ размæ цæуа. Тутабæласы рæгь Иухатт Джиуæргуыбайы æрвитæн æхсæв мæ фыд нæ сыхæгты лæгты æрхуыдта. Бадтысты, минас кодтой. " ч . ...- Мах-иу Джиуæргуыбамæ тынг цæттæ кодтам нæхи .— нæ мигæ- нæнтæ-иу нын нæ фаг кодтой нæ бæгæнытæ ’мæ нæ арахъытæн, æмæ- иу сыхæгтæй дæр дзаггарз никæмæуал ныууагътам, æрхастам-иу сæ. Нæ рынчын мад-иу нал фæрæзта, бафæллад-иу. Фыд та парахат фынг- 77
тæ уарзта æмæ-иу хæсты бын фæци. Хæс ын алчидæр лæвæрдта, З’ымæн æмæ йæ зыдтой — æнæмæнг сын сæ бафиддзæн æмгъуыдмæ. Иууылдæр сидтытæ куы фесты, æмæ фынг куы райхæлд, уæд, фыд арахъы дурын-æмæ сыкъаимæ уазджыты разæй фæци. Кæрты дуарыл сæ разы æрлæз^уыд: — Къæсæры Уастырджийы хорзæх уæд\ — дзуры хъæрæй мæ фыд. — Алчидæр з’æ йæ къæсæрыл дзæбæхæй куыд бахиза, уыцы амонд нын иунæг Хуыцауы цæст бауарзæд. Банызтой фæйнæ-фæйнæйы, уæдæ цы з’ыдаид. Уæд та мæ фыд дурын ракъул кодта сыкъамæ. — Уыдон та уын — Иртаджы нуазæнтæ. Уазджытæ схор-хор кодтой фæйнæрдыгæй: — Цафон нз^азæнтæ ма сты?! — Кз^ы дын банызтам дæ нз^азæнтæ! — Нæ мæгз’ыр хæдзæрттæм нæ ауадз! Фыд сыкъа уæлиау систа æмæ лæгтæ фæсабырдæр сты. — Уый хæдзары нз’азæнтæ банызтат. Адон та уын — мæхи уды нуазæнтæ. Лæгтæ та базмæлыдысты, æвæццæгæн сæм раст нæ каст дыккаг хатт нуазын нуазæнтæ. Фæлæ та фыд сыкъайыл згæлæмæ схæцыд. — Фæйнæ-фæйнæ ныхасы ма кæнут, мæ хорз сыхæгтæ. Азг, æмæ ма фæндагæй дæр кз’ы раздæхынц нуазæн нуазынмæ, уæд сымах мæ кæрты мæ нуазæнтæ куыд нæ бануаздзыстут! Афтæ сæ бануаздзыс- тз’т, афтæ! Лæгтæй алчи йæхиз’ыл æддæмæ-æддæмæ хæцы. Фыд лæууы æмæ дзуры: — Дардмæ цæмæн цæуæм? Мæнæ нæхи Гæби далæ Къз’ымыхъæуы уыди уазæгуат. Фынгыл фæбадти, нуазæн ын ничи радта. Уый та лæггадгæнджытимæ дæр куы ’рбадид, фæлæ та — нæй, нуазæндæт- тæг та нæй ам дæр. Сыстад, уæдæ цы кодтаид! Йæ бæхыл сбадт æмæ рацыд. Далæ Мосейыл бирæгъты бал цы тъæпæны æрæмбырд, уыр- дæм куы ’рбахæццæ, уæд æм хардзау куы ’ркæсид! Ау, — загъта йæхицæн, — дыууæ фынгыл фæбадтæн æмæ мæм иу нуазæн куыд ничи радта! Азылдта йæ бæхы æмæ фæстæмæ аздæхт. Уым ма иу- цалдæр кæстæрæй агтæ æфснайдтой. Гæби сын йæ хъаст ракодта. Уыдон æм куыд нæ рахастаиккой нуазæн! Гæби сын ракуывта: ■■" . — Цардæй бафсæдзнг, мэенæ лæппз’тæ. Уæ уазæджыхай дæр згын Хуыцау макзпы айсæд æмæ уæ æрхъуыдыйы фыдæй дæр куыд макз’ы мацы баззайа, уьщы амонд уæ уæд. Абоны бон та уæ’зæрдыл бадарут. Лæгтæницуал загътой, банызтой та йæ нуазæнтæ нæ фыдæн. Уыдон куыд нуæзтой нуазæнтæ, афтæ фыд та фæйнæрдæм ракæс- бакæс кæны — цæй тыххæй ма раз’адза рæгъ! Æрæджиау йæ цæстытæ æрхæцыдысты нæ тз’табæласыл æмæ æрсабыр сты йæ цæстытæ. Уæдмæ.лæгтæ нуæзт фесты нуазæнтæ. Фыд сыкъа ногæй æрыд- заг кодта. — Мæнæ ацы тзгтабæлас мæнæн у мæ хæдзары рахиз цæджындз — 78
зымæг нæ хъарм дары, сæрд нæ ’ххормаг нæ уадзы, æнæуи та нæ кæрты фидыц у — бакæсут-ма йæм! Нæ т)игайы цæрæнбон! Уый диссагæн дзуринаг фæци æнæхъæн комбæсты. Абон дæр ма йæ фæдзурынц: тутабæласы, рæгъ! Уарзты тых Иртагæн йе ’рыгон бонтæ кз’ыд атахтысты, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Атахтысты йыл æнæ фарны хъуыддаг бакæнгæ,.æнæ ’мкъайæ. Уæд згыдис, æмæ ахуырыл хæст уыд — райста уæлдæр ахуырад. Цал- дæр азы бакуыста БАМ-ы, з^ырдыгæй æрбаздæхгæйæ хæдзар аразы- ныл фæцис, йæ ныййарджыты дæр, кз’ыд фæзæгъынц, сæ къахыл слæууьш кодта. Стæй та йе ’фсымæртæ! Иуы дæр сæ нæ ныууагъта æнæ уæлдæр ахуырад райсгæ, бабæстон сæ кодта æмæ уый фæстæ йæхи цардмæ æркæсын дæр сфæнд кодта. Бæргæ йæ нæ фæндыд Залиханы фæлгонцы иувæрсты ахизын, фæлæ мады тæригъæдмæ кæсын нал уыд йæ бон. Бирæ хорз чызджытæ йын амындæуыд, йæ- хæдæг дæр бирæ кæмæдæрты фæцыд уынæг, фæлæ дзы йæ цæст никæуыл æрæвæрдта, æвау ын дзы из’ дæр нæ разынд. Фауаг раз’- Згатмæ цæз^ы. Иртаг дæр йе ’мсæр, йе ’махастыл нал æмбæлд, и^тæр, уæд аскъуыддзаг кодта йæ цардыбонтæ хæдудæй арвитын. Гъе, фæлæ, бон цæуы æмæ йемæ фарн хæссы... Хъысмæт ын йæ амондыл аргъæз’тты хисæрфæн асæрфта æмæ йæ райхъал кодта. Иуахæмы хъуыддаджы фæдыл æрæфтыд Н-ы горæтмæ. Иу изæр сфæнд кодта горæты уьшгты иунæгæй тезгъо кæнын — йæхи аир- хæфса! Йæ цæсты зз’л-иу бар-æнæбары дæр йæ разæй цæуæг кæнæ йæ фæрсты ахизæг сылгоймæгты ’рдæм аирвæзт. Æмæ мæнæ дис- саг... Тротз^арыл цæ^тæйæ йæ цахæмдæр кæлæнгæнæг тых цавддур фестын кодта... Кæсы... уыны, æввахс æм кæны сылгоймаджы уæлтæ- мæйнаг æндæрг. Йæ цæстытæ ауз’æрста æмæ... йæ размæ æрбахæццæ. Æрбахæццæ, уæларвæй йæм æртахт йæ зæрдæйы, йæ сæнтты рагæй- æрæгмæ нывгондæй кæй фæхаста, уыцы фæлгонц. Йæ разы февзæрд дзуары хуызæн чызг: сæгуытау рог рахæссы йæ рæхснæг уæнгтæ, йæ уадулты туг.æмæ ’хсыр из’мæ хъазынц, хзфы тынтæ фæстæмæ здахы цæсгом... Сызгъæринхз’’ыз хъз^ымбыл дзык- кутæ дыбыдæй риз^ы ракъз^ыбыртыл æртасыдысты, æрхылдысты сыл æмæ суанг зггерагсæртæм æвзидвшц. Фæлмдзæстæй кæсæг цæстытæ цæсгом ноджы згьшдджындс^р кæнынц, сæр донхъазау æркъз’л код- та, афтæмæй ленк кæны размæ... Уый уыд... Лæппу чызджы фæ’дыл дзæвгар-дзæвгар ьсæсгæйæ баз- зад... Зæрдæйы згаз æнкъарæн æй йæ уæлныхты систа, йæ цæстæй цы уыдта, уый йæм фынфенæгау, аргъауы фехъусæгау каст уыцы уысм æмæ-иу, искз’ыдæй-искзчлдмæ йæхи æрæмбудыны охыл, йæхимæ исты бадзырдта. Æрæджиау-æрæджиау йе ’мз’Д куы ’рцыд, узед йæ тыхтæ æрæмбырд кодта, зæрдæйы тыхстдзинад фæсырдта, æмæ йæ кар ни- 79
цæмæ æрдаргæйæ, чызджы фæстæ фæраст. Бирæ джитæнты фæстæ йæм уæздан æвзагæй æфсæрмхуызæй сдзырдта æмæ йемæ базонгæ. Чызг ын æнæ исты бамбæхсгæйæ радзырдта йæ уавæр. Æргом ын загъта, театралон институтмæ йын йæ фыдцъылызы тыххæй йæ гæх- хæттытæ кæй нæ айстой, уый. — Ау, уæдæ ма цахæм зæддон уыдзæн, дæ хуызæн зæдæн бадæн кæм нæй, уый? — дисгæнгæ дзырдта Иртаг, чызджы æнæлаз уæнг- тæм, йæ æфсæрмдзаст цæсгоммæ кæсгæйæ. — Æвæццæгæн хæрзконд æмæ хæрзуынд нæ дæн, æндæра... — Уый ма зæгъ! Афтæ ма дзур... Уый зæгъæн нæй зæдты бардз’а- гæй! Дæ уынд æмæ кондæй зæдтыл дæр уæлахиз куы кæныс!.. — Æммыст исæг къамисы сæрдар ды фæуыдаис! ... Æмæ æцæг ссис Иртаг æнæхъæн къамис йæхæдæг — цардæмба- лæй исæг къамис, Цалдæр боны фембæлдыты фæстæ чызгæй дзуапп райста, цардæмбалæн æй кæй нæ фаз’дта, уът фæдыл, æрмæст майæ тыхсын кæны йæ ахз^ыр æмæ йæ хæдуддаг ныййарджыты фарста^ Цæуыл фæз^ыдзæн сæ хъуыддаг, уът Уастырджийы быгъдуан фæуæд, фæлæ рабæрæг: з^ыцы зæдæнгас чызг Иртагмæ ус кзфыны монц, хæдзар скæныны фæнд кæй æрæздæхта, уый: Сæйрагдæр уый у! Уастæн, зæддоны фæбадæд уарзты тых! Амыран Кавказы хæхтæ сæрдыгон алæмæты рæсзтъд вæййынц. Иухатт гыццыл лæппуйæ нæ тутабæласы цъупмæ куы сбырыдтæн æмæ сæм З^ырдыгæй кзгы акастæн, уæд сæ цыма, хзфы тын цъæх хъæдабæйæ сфæлыста, афтæ нывæфтыдæй зындысты. Хицæн рæтты та къæдзæх- ты тæссар фæхстыл урс мигъты æнæпырд цъз^ппытæ нынныхстысты æмæ æнцад-æнцойæ ныхъхъуыстой Лехурадоны цъæхснаг зарæгмæ. Ацы нывтæй мæ зæрдæ афтæ барухс, æмæ мæ бæласæй æрхизын нал фæндыд. Фыццаг хатт уæд бамбæрстон, адæймаг æрдзы хъа- РЗ^йæ кæй цæры, ’уый.." Иу ахæмы афынæй дæн æмæ мæ цæстытыл ауад, ахæм ныв: Мæнæ Кавказы къæдзæхтыл æфсæн’рæхысæй баст Амыран, йæ игæры туг кæлы æмæ мæ рæзтылеуахи кæны. Уалынмæ з^æлæ сау цæргæс æртæхы. Мæнæн мæ къухы стыр сау хъама фестад. Хъама дард фæхастон æмæ дзы йæ сæр атæхын кодтон цæргæсæн, мæхæдæг Амыраныл ныттыхстæн, — Бузныг, мæ чысыл æфсымæр! Дæ хз’ызæттæ цы адæмæй цæуы, З^ымæн сæфæн нæй, — сдзырдта мæм Амыран лæгъз ^ъæлæсæй. Æз фехъал дæн, æмæ уынын: бæласæн зæхмæ æввахс цы къализ^- тæ уыди, уьщоныл цæхгæрмæ хуыссын. Цы. бамбарын ма мын æй хъуыд — бæласы уæллаг къалиутæй рахаз’дтæн æмæ мæ бинаг къалиу- тæ зæхмæ не ’рз^агътой. Уыцы бонæй фæстæмæ нæ тутабæласы лоджы фылдæр бауарз- тон, æмæ, кæмдæриддæр зчвдаин, алы хатт дæр æй мæ зæрдыл дардтон. 80
Тутайы цæссыгтæ Иухатт зымæг йæ тæккæ астæумæ куы бахæццæ, уæд нæм суджы къæцæл нал уыди. Арт нал кодтам, æмæ æнæарт хæдзары нæ гæв-гæв цыди гыццы- лæй-стырæй. Нæ мад тынг сабыр адæймаг уыди, сабыр æмæ мадзура, фæлæ уæд йæхи нал баурæдта. Фыццаг бирæ фæкуыдта хъæрæйг стæй хæкъуырцц кæнын байдыдта, уый фæстæ срæрæт фелвæста фæсдуа- рæй æмæ дзы фыдмæ лæбурынтæ ма сиса! — Ныр дын дæ гæккуырийы сæр атæхын кæн ацы фæрæтæй, уæд дын хъæуид, гъе! Уыцы уæрдоны дзаг суг дæ хъахбай Ануеийæн куы нæ баластаис, уæд гъеныр афтæ уазалы мæликкой мæ>сывæллæттæ?! Бацу-ма, уынгтызад, æмæ бакæс, кæддæра цас суг и уыцы родтæм- дзыды дуармæ! Уымæн бирæ дæ хуызæттæ и! Нæ фыд æнæуи дæр суцца лæг уыди, ныр æм мад афтæ карзæй куы сдзырдта, уæд туг йæ сæрмæ ныццавта, йæ цæстытæ’ цæхæртæ акалдтой, йæ къухтæ атымбылтæ сты, афтæмæй йæхи ныццавта ма- дыл. Йе ’ннæ загъд-замана йæм, чи зоны, афтæ нæ бахъарыдтаик- кой, фæлæ, Анусийæн бирæ уый хуызæттæ кæйг и, уый йын кæй загъта, уымæн нæ бабыхста. Бынтондæр æй бинонты мæт нал уыди, æрмæст ын Ануси уæд, æндæр æй ничиуал хъуыди. Ныр мады къухтæй фæрæт раскъуыдта, мад уыцы цæхгæр риуыгъдæй зæхмæ ахауд. Мах, сывæжгæттæ, ма- дыл амбырд стæм цъæхахстгæнгæ. Фыд, фæрæт йæ къухьг, афтæ- мæй дуармæ йæхи аппæрста. Уæдмæ мады сыстын кодтам,. бандоныл сбадти æмæ æз рудзынгмæ бауадтæн — цы фæци, кæдæматахти фыд æд фæрæт?! Уый лæууыди кæрты астæу æмæ фæйнæрдæМ: сонт зылдтытæ код- та, æвæццæгæн, с}'джы бæсты цы æрсæтта, ахæм истьг агуырдта, фæлæ ахæмæй мах дуармæ ницы уыди. Уæд фыд фæкомкоммæ нæ тутабæ- ласмæ. Фæрæт хæрдмæ фæхаста, афтæмæй йæм бараст.. Куыддæр æм бахæццæ, афтæ æппæты бынæй цы стыр хих уыд, мах-иу кæуыл æрцауынлдзæг стæм, уый тæккæ рæбын æй ныссагьта, стæй йыл ра- лæз’уыди цъыччытæ. Хих уайтагъд фæхицæн бæлаеæй æмæ зæххыл уæлгоммæ йæ тъæпп фæцыди. Æз скуыдтон, фæлæ мæ кæуын æмбæхстон, мад мæкуыднæ фе- хъуыстаид, афтæ. Мæ уæхсчытæ сæхимидæг рызтыеты. Æмæ мæм уæд цыма кæцæйдæр нæ тутабæласы хъæлæс æрбайхъуыст; æмæ йæм цыма æз хъусыныл фæдæн. Æмæ мæм хъуыст йæ сабыр, йæ сыбар-сыбургæ- наг хъæлæс, уддзæф-иу ыл куы бамбæлд, уæд-иу мæм куыд хъз^ысти йæ сыбар-сыбур, афтæ. Æцæг ацы хатт фыдмæ арæзт уьвдйæ ныхас: * — Цæв мæ, лыг мæ кæ, афтæ мын хъæуы! Æзз,\ цæмæй даееывæл- лæттæ схъомыл уой, ууыл мæ уд хъарын, ды та мын мæ рахиз цонг алыг кодтай! Æмæ дын æз куы фæуон æндзæрст,; уæд ма цьь ми кæн- дзынæ! Дæ фыд мæ ссæдз километры йе ’ккой фæхаста, ды: та мын б Тъехты В. 81
мæ цæнгтæ цæгъдыс?! Фæлтау иу бæлас куы схъомыл кодтаид дæ фыд дæ бæсты. Уæд уæм ныр суг уаид, æмæ дæ мæгуыр сывæл- лæттæ уыцы уазалы нæ мæликкой. Уыцы ныхæстæ куыд хъуыстон, афтæ мæхимæ ныккасхæн æмæ æдде, дуармæ цы цыди, уый нал уыдтон. Стæй иу афон мæ цæстыл ауад — фыд йæ разы зонгз’ытыл лæууы нæ тутабæласæн. Йæ разы та нæ фæрæт лæууыди зæххыл тъæпæнæй. Æмæ мæм уæд та фыды ныхæстæ байдыдтой хъуысын кæцæйдæр: — Ныббар мын. Бæлас ды нæ дæ, æз дæн бæлас. Ды уд дæ, æз та æнæуд бæлас дæн. Ныббар мын, ныббар. Ныр мыл, уæд мæ фыдыл цасщыди, уымæй бирæ фылдæр цæз^ы, фæлæ мæ абон дæр нæ рох кæны уыцы бон. Хæйрæджы аххос Иртаг æмæ Къодхор æмгæрттæ уыдысты. Зонд æмæ ’гъда^^æй фæйнæ хуызæны уыдысты, афтæмæй кусгæ та ^мæ кодтой. Хæ- дзæрттæ чъырызмæстæй сæрстой. Чъырæй сæ цагътой. Къодхор-иу изæры йе ’мбæлттæм атагъд кодта, йе ’мбæлттæ уырнæджытæ уыдысты æмæ-иу семæ æмбырдты бадти. Иубон та сæкз^ысты уæлхъус балæууыдысты. Иртаг ныггз^ыбыр кодта æмæ къз^лы рæбын цæгъды чъырæй. Уæд Къодхор, къз’лыл цы æфсæйнаг з^ыд хъил, ууыл ахæцыд, ахæцыд ыл æмæ йæ Иртагыл кз’ы афæлдахид.. Иртагæн йæ рахиз къах æфсæйнаджы бын фæци, йæхæдæг з’æлгоммæ ахаз’Д. Хъæр кæны Къодхормæ: — Схæц æфсæйнагыл, мæ къах йæ быны фæци — нæ йæ уьшыс?! Къодхор æфсæйнагыл схæцы æмæ та йæ фæстæмæ æрæппары. Иртагæн йæ цæстытæ тартæ кæнын байдыдтой, йæ сурхид акалд. Йæ къахыл рахæцы, фæлæ та йыл уседмæ Къодхор æрæппары æфсæйнаг. Уæд йæ галиу къах ныббыцæу кодта æфсæйнагмæ, анцад ыл йæ фæстаг тыхтæй æмæ йæ рахиз къах раласта æфсæйнаджы бынæй. Æрæджиау фæрсы Къодхоры:. — Цы дын кодтотон, цæз^ыл мæ мардтай? — Мæ аххос дзы ницы з’ьщи, хæйрæджы аххос з^ьвди. — Кз^ыд згыди хæйрæджы аххос?! — Кз’ыд, кз^ы, дзæбæх. Æз-иу схæцыдтæн æфсæйнагыл, дæхæдг^г дæр-иу мæ куы федтай, стæй та-иу æй фæстæмæ æрæппæрстон. . — Цæмæ ма-иу æй æрæппæрстай фæстæмæ? Мæ уд рагъæнмæ хизинагкуы фæци! • . — Хæйрæг нæ уагъта, цæмæй йыл иуварс ахæцыдаин, уый: Бирæ йыл хæцыдаин гз’ыбырæй, уът та мæ бон нæ з7ыд æмæ та-иу æй æрæппæрстон фæстæмæ. ’ — Æппаргæ дæр мыл æй ды ракодтай. 82
— Æз — нæ. Мæ фæнд нæ уыди уый. Хæйрæджы фæнд уыди. — Кæм и уыцы хæйрæг, цы мыл æй бафтыдта?! — йæ маст нал Зфæдта Иртаг. ; Къодхор бахудти. — Кæм, дам, и уыцы хæйрæг! Йæ мидæг и, йæ мидæг алкæмæн дæр йæ хæйрæг. Дæуæн дæр дæ мидæг и, мæнæн дæр. Стæй иннæ адæмæй дæр алкæмæн йæ мидæг и йæ хæйрæг. Иртаг æм уæлæмæ касти æмæ хъуыды кодта: ау, уæдæ адæм из’уыл- дæр хæйрæджджынтæ сты? Æмæ дз’нейыл фыдбылызæй цы цæуы, уый хæйрæджыты аххос у?! Уацирæт Иртаг цыди скъолайæ сæхимæ. Скъолайы къæсæргæрон ын Изо йæхи къухæй конд фыдджыны гуыл авæрдта, æмæ йæ фæндагыл адджынæн хордта. Хордта йæ æмæ йæхимидæг æфсæрмы кодта, Изойы конд гз^ыл æм йæ мады конд гз’ылæй адджындæр кæй каст, уый тыххæй. Йæ зæрдыл æрлæз^уыдысты йæ мады ’рвад Маройы ныхæстæ: — Абон зæххыл æппæтæй фылдæр дæ мады уарзыс, фæлæ искæй чызджы куы бауарзай, уæд та уый уарздзынæ æппæты фылдæр. Афтæ бирæ йæ уарздзынæ æмæ ма йын йæ къабайы фæдджитæн дæр пъатæ кæндзынæ. : Иртаджы уæд ацы ныхæстæ нæ з’ырныдтой. Ныр та йæхиуыл дызæрдыг кæнын райдыдта æмæ фенкъард и* Сæ хъæугæрæтты цы дон цæз’ы — Хевй-дон — уымæ куы ’рба- хæццæ, уæд йæ размæ фæци Уацирæт — сæ хъæз^ккаг идæдз ус. Æрыгон сидзæргæс. Йæ лæг дыз^уæ азы размæ амард, дыууæ сывæл- лоны йыл ауыгъдæй баззад. Уацирæтæн йæ з^æлæуыд афтид халат. Халаты уæллаг цæппæртæ æвæрд нæ уыдысты æмæ йæ къухæй йæ халаты тæрттыл хæцыди. — Цом-ма, Иртаг, з’артæ бæласы бын из’мæ абадæм, — загъта Уаци- рæт. — Æз дын диссаг радззфон. Иртаг ницы сдзырдта, афтæмæй йæ хъоппæг цæстытæй ныккаст Уацирæты рæсугъд цæсгоммæ æмæ бадис кодта — Уацирæтæн йæ цæстытæ з^ыдысты уымæл. Иртаг кз^ы ницы дзырдта, уæд ын Уацирæт йæ цонгмæ бавнæлдта æмæ йыл ахæцыд бæлæсты ’рдæм. Уым æй æрбадын кодта йæ фарсмæ иу бæласы бын цъæх нæууыл æмæ дззфы: — Абон райсом хъæдмæ ацыдтæн сутæ. Сугтæ куыд æмбырд кодтон, афтæ мæм фæстæты чидæр бахъуызыд, мæ сæрыл мын йæ хæдон æркодта æмæмæ æрбырста, Йæхи сæрыл та йæ майкæ тыхт уыди. Йæ быны мæ бакодта æмæ мæм тыхæвнæлдтытæ райдыдта. Мæ халаты цæппæртæ фæйнæрдæм атахтысты. Æз ын йæ цонгыл фæхæцыдтæн мæ дæндæгтæй, кз’ыддæрты феуæгъд дæн, тæвдæй тарст 83
тæрхъусы лыгъд ракодтон æмæ мыл мæнæ ныр ды амонды æмбæлд акодтай, æндæра мæ бирæ нал хъуыд — хъуамæ сæрра уыдаин. Уацирæт йæ рæсугъд бæрзонд саг-зæнгтæ фæйнæрдæм айтыгъта, ставд цæссыгæй ныккуыдта, афтæмæй дзуры: — Æркæс-ма, æркæс, уыцы цъаммар мын мæ мæгуыр буар йæ чъизи ныхтæй куыд ныттындтытæ кодта! Иртаг Уацирæты сæкæрау з’рс-урсид зæнгтæ куы федта, уæдба- зыр-зыр кодта æмæ сылгоймагыл бахауд. Уацирæт Иртаджы з’æлгоммæ æруагъта, йæ былтæм ын йæ судзгæ былтæ æрхаста æмæ йын батæ кæнын байдыдта. — Ды нæ зоныс, мæ хуызæн æнæниз, æвзонг сылгоймагæн куыд зын у иунæгæй, уый. Кургæ мæ ничи ракæндзæн дыууæ сывæлло- нимæ. Дæуæн та цы уыдзæн. Æрмæст макæмæн мацы зæгъ æмæ дæ æз сахуыр кæндзынæн, сылгоймагимæ куыд хъазын хъæуы, ууыл. Иртагыл ризæг бахæцыд, арт калы, афтæмæй уæлгоммæ хуыссы. Уацирæт Иртагæн йæ рон айхæлдта, æрбахъæбыс æй кодта. Æмæ уæд ауыдта Иртаг — далæ сæ хъæуккаг лæг Харбег дон-дон ссæуы. Иртаг йæхи фæиуварс кодта, фестад æмæ лидзынмæ фæци. Иртаг мæсты уыд Харбегмæ. Фарон сын сæ куыдзы топпæй фехста. Хæцгæ, дам, мыл кодта. Афтæмæй йæм хæстæг дæр не ’рбацыди Мила. Æнæз’и йыл дардæй рæйдта. Куыйтæ дæр нæ уарзтой Харбеджы, йæ фæдыл- иу ныххал сты, уынгты-иу куы фæцæйцыди, уæд. Мила æмбаргæ куыдз уыди. Из’хатт, Иртаджы дон кз’ы фæцæй- ласта, — уæд ма гыццыл уыд Иртаг — уæд æм багæпп кодта донмæ æмæ йæ раласта. Фервæзын æй кодта. Уый та йæ маргæ акодта, Харбег. Ныр лыгъди, афтæмæй фырмæстæй йæ цæссыг калдта: йæ маст куы райсид Харбегæй, фæлæ куыд? Стæй Уацирæтыл дæр хъз’ы- ды кодта. Цы баз’ыдзæн, мыййаг ын тыхми куы бакæна Харбег. Хъæ- З’гæрон тутабæласмæ схызт æмæ уырдыгæй касти, Уацирæт æмæ Харбеджы кæм ныууагъта, уырдæм. Уым ничиуал уыд, æмæ уæд гыццыл йæ тыхстæй фенцади. Уыцы бонæй цас рацыдаид — иу къуыри æви^чысыл фылдæр, æмæ та иу фæссихор уым куы балæз’уид Иртаг. Йемæ чиныг дæр ахаста, фæлæ йæм кæсын нæ цыди. Хъуыды кодта, уæд ам цы хабæртгæ æрцыд, уыдоныл. Хъуыды кодта Уацирæтыл. Æмæ йын тæригъæд код- та. Иу афон бæлæстæй бæрзонддæр чи уыд, уый цъзчгмæ схызти. Бæла- сы цъз^ппæй куы ракаст, уæд афтæ фенхъæлдта, фын з’ыны — афтæ рæсугьд уыди бæстæ. Уырдыгæй, бæласы цъуппæй йæм зынди цыппар ирон хъæз’ы. Дыргъбæлæстæ дидинæг акалдтой, æмæ уый æппæт ди^ динджытæ сыгъдысты хурмæ. Æвæджиау рæсугъд бынаты сты ацы хъæутæ. Æрмæст-сæ цъæх фæлыст æмæ сыгьдæг уæлдæф дæр фаг Згыдысты царды цинæн. Хъæутæн сæ хуссарварс дæр æмæ сæ цæгат- варс дæр сæхи айтыгътой дидинæгджын къуылдымтæ — з’ырдыгæй нæ’- зыхъæд бæлæстæ æмæ гагадыргъ къздаитæ уæлæмæ арвмæ кастысты... Уалынмæ з^артæ Уацирæт æрбацæз’ы. Иртаг цæмæйдæр фæтарст æмæ тагъд-тагъд хизыныл фæци бæласæй — кæд аирвæзид, кæд æй ам нал æрбаййафид Уацирæт. Фæлæ йыл цыдæр æндзыг бафтыд 84
æмæ йын ницыуал æнтыст. Бинаг къалиутæм ма йæ дзæвгар хъуыд, афтæ йæ ризгæ къухтæ фез’æгъд сты къалиутæй æмæ зæххы йæ тъæпп фæцыд. Æвиппайды феста æмæ алидза, уый хъару йæм нал уыд æмæ зæххыл хуысгæйæ баззад, афтæмæй йæ æрбаййæфта Уацирæт. Куы йæм æрбахæццæ, уæд æй уæлгоммæ æрзылдта, йæхæдæг ыл дæлгоммæ ныффæлдæхт æмæ йын батæ кæнын байдыдта. Байæ байы ’хсæн ын дзырдта йæ ризгæ хъæлæсæй: — Æз дæу бирæ уарзын, æз дæуæй фылдæр никæй уарзын... Ды хорз лæппу дæ, ды стыр лæппу дæ, ныр лæг дæ... Иуафон йæ зыр-зырæй фенцади, йæ къухæй йæ тармæ сæвнæлд- та, йæ риуты агъуд хæрдмæ сæппæрста æмæ йæ пух риутæ лæппуйы уадултæм æрхаста, æрæлхъывта йæм сæ. — Аба мын кæн мæ риутæн!.Фезмæл-ма, хæлиудзых, æфсæрмы ма кæн. Æз æй зонын — ды лæг дæ. Лæджы цытæ фæфæнды, уыдон фæнды дæу дæр. — Иучысыл фæлæууыди йæ ныхасæй, — йæ ризы- нæй дæр. Стæй йæм дзуры æнахуыр фæлмæн хъæлæсæй: — Цом, уартæ бæлæсты кæрон иу дзыхъхъ ис, æмæ уырдæм. Ам нæ исчи фендзæн. Цом, æз дын уым диссæгтæ равдисдзынæн. Стæй мæ уæд дæхæдæг агурдзынæ. Цом, нæ? Цом! — Уацирæт фестад, йæ риутæ афтæ гомæй баззадысты, афтæ урс уыдысты æмæ сæм цæстытæ нæ лæууьщысты. Иртагыл схæцыд, æмæ сыстад Иртаг. Цæуын дзæбæх нæ арæхсти, уæддæр Уацирæты æнцæйтты цыди кз’ыддæртæй. Кæ- дæм цыди æмæ цæмæн цыди, уый не ’мбæрста. Дзыхъхъы былмæ куыддæртæй бахæццæ сты æмæ дæлæ дзыхъ- хъы мидæг фæтæррæттæввонгæй ныггуыбыр и Харбег. Æвæццæгæн Уацирæты куы федта ацырдæм цæугæ, уæд йæ размæ фæци æмæ уал ам æрæмбæхст. Уацирæт дзыхъхъы был алæзгуыд æмæ йæ маст скалдта. — Мæ тæригъæд дæ фæдыл бафтæд æмæ дæ цъыбыртты сыгъд бакæнæд, куы ма мæ ныууадзай, уæд, æвзæр æмбыдхор-цыдæр! Стæй ныззылди, Иртаджы къухыл фæхæцыд æмæ фæстæмæ ли- дзынмæ фæци. Иртаг дæр лыгъди йæ фæрсты æмæ уыдта, Уацирæ- тæн йæ тыппыр риз’тæ сæ фидар змæлдæй куыд змæлыдысты, уый. Бæлæсты бынмæ куы æрхæццæ сты,-уæд лидзгæ-лидзын иу каст фæкодта фæстæмæ Иртаг. Харбег лæз^уыди дзыхъхъы был æмæ сæ фæстæ æдзæм-æндзыгæй касти. — Ай мыл цы бафтыд ацы æнæрæгъыдзыд Харбег! Кæд мæм хъæ- ды дæр уый бахъуызыд æмæ мын уый æркодта мæ сæрыл йæ хæдон? Æмæ йæ базыдтаин, кз’ыд нæ йæ базыдтаин! Фæлæ йæхи сæрыл та йæ майкæ æртыхта. — стæй та фездæхти Иртагмæ Уацирæт. — Нæ дыууæйы тæригъæд дæр йæ хъуыры ацæуæд, гъæуый йын, гъе! Уым æрлæууыд Уацирæт. - \ — Гъеныр ды мæнæ ауылты ацу, æз та ауылты, иумæ нæ кз^ыд ничи фена. Æмæ ма мæм байхъус: изæры-иу æрбацу, нæ? Æз сывæл- лæтты бафынæй кæндзынæн æмæ æддæмæ рацæзщзынæн. Нæ хол- лагдоны дз’армæ дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн. Знон æргъом кæрдæг бакалдтон нæ холлагдонмæ æмæ дзæбæх з^ыдзæн уым, тынг дзæбæх. 85
Æмæ-иу æнæ ’рбацæугæ ма фæу. Ды хорз лæппу-дæ. Мæн демæ фæнды, æндæр никæимæ фæнды мæн. Куы нæ æрбацæуай, уæд æз æппындæр нæ бафынæйуыдзынæн, фæлæ йæ зон. Иртаг-иу къæмдзæстыг каст бакодта Уацирæты цæсгоммæ. Йæ уадултæуыдыстЫ:Сырх,'--æмæ.Иртагмæ афтæ фæзынд, цыма сæ фæз- дæгкалди. Йæ цæстытæ та уымæл, йæ даргъ цæстыхаутæ-иу кæрæ- дзийыл куы авæрдта, уæд-иу кæрæдзийыл аныхæстысты. —■ Æрбацу-иу нæ? — æрбаулæфыди та Уацирæт, йæ комытæф дæр уыди тæвд. — Æрбацæудзынæн, — загъта Иртаг. — Ма-иу фæсай, нæ? — Нæ фæсайдзынæн. Стæй йæ халаты цæппæртæ куыд уæле дæлæмæ æфтаугæ ацыд Уацирæт. Æфтыд ын кз’ы фесты, уæд араст и хъæз^мæ. Иртаг лæууыди æмæ йæ фæстæ касти. Иуафон та фæстæмæ дæр акасти.— Харбег ма уым и? Харбег сæм æрдæбон кæцæй каст, уым цавддурау лæууыд. Иртаг расыг лæгау цзщтытæ ’мæ дзедзылæйттæгæнгæ, Уацирæт ын кæуылты бацамыдта, уз’ылты.араст и хъæумæ. Цыди, цыди, стæй фæлæзуыди — йæ тæккæ раз ауыдта Изойы худгæ цæсгом. Изо йæм худти æмæ йæ сæр зына-нæзына фæйнæрдæм тылдта. Бон цæуы æмæ фарн хæссы Иртаг йæ амонд ^агурынæй бафæллад, сфæлмæцыд. Нал рухс кæны йæ зæрдæ•— ницæмæуал райы. Æвзонг чызджытæ ерысæй кæм фæ- кафынц, уыдонмæ бакæса, уымæ дæр æй йæ зæрдæ нал хæссы. Азтæ та цæуынц æмæ цæуынц. Иу ахæмы, уынджы бандоныл бадт æмæ рæдзæ-мæдзæ кодта. Уалынмæ йæ уæлхъус.-алæууыд Бибудт — сæ хъæуккаг, лæг Ир- тагæй бирæ хистæр,чи-нæ:уыди-, ахæм. Бибз^дтæн йæ цæстытæ уы- джы цæстыты хзгызæн уыдысты — арф, кæцæйдæр æнтъыснæг каст кодтой. Иртагмæ йæ къух бадардта æмæ йæм дзуры: — Æз абон мæ фырты æфсадмæ арвыстон, ды та нæ арвыстай дæ хъæбулы ’фсадмæ. Нæй дын.фыртæмæ кæй арвитай! Йæ мад дæр дын нæма и. Иртагæн фырмæстæй йæ сæр разылдис, мæнæ лæутæ кодта, - фæцудыдтаид. Фæлæ, хорз з;ыд, æмæ бадгæ кодта. Бибз^дт цæз^ынмæ фæци. ... Бады Иртаг æмæ йын иуафон йæ рагон бæллиц йæ зæрдæйы дуар бахоста. Йæ рагон бæллиц та уыд: ирон йегъдауджын чызг ракурын. Нæртон чындзæхсæв скæнын, æмæ бирæ, тынг бирæ сывæллæттæ схъомыл кæнын. Бадт Иртаг, æмæ йын уыцы бæллиц йе уæнгтæ кæрæдзийыл фæхæцын кодта. Йæ зæрдæмæ цыдæр рз^хс ныккаст уыцы бæллицæй. Сыстад æмæ рацу-бацу кæнын райдыдта — бадын 86
æм нал цыд. Цас фылдæр рацу-бацу кодта, уыйас хъæлдзæгæй-хъæл- дзæгдæр кодта. Уымæй цалдæр боны фæстæ хъуыддаджы фæдыл ку стыр го- рæтмæ афтыд. Цы бон ныххæццæ, уыцы ’хсæв бафынæй æмæ фыны федта иу цъæх цады былыл лæугæ иу саурæсугъд, донгъуыз хъоп- пæгцæст æвзонг чызджы афтид найæн дзаумæтты. Уыцы уысм, цыма Иртагмæ исчи ’рбадзырдта: — «Ацы чызг дæ амонд у, æмæ йыл фидар хæц!» Иртаг фехъал, æмæ бонмæ йæ цæстытыл хуыссæг нал æрхæцыд. Райсом раджы фестад, йæ дзаумæттæ акодта, йæхи ахсадта, къæбæр ахордта, æмæ йæ хъуыддæгты фæдыл араст. Йæ цæстытæй нæ хи- цæн кодта, фыны цы зæды хуызæн чызг федта, уый фæлгонц. Фæссихор йæ хъз’ыддæгтæ куы фæци конд, уæд паркмæ йæхи байста æмæ.з’ым иу бандоныл æрбадт. Иуафон, йæ комкоммæ арвмæ цы рæсз’гъд хъал бæлас фæфардæг, ’уымæ фæкомкоммæ. Бæласы та- саг къализ^ыл бадти иу цъиу. Иртагмæ афтæ фæкасти, цыма цъиу фæллад у æмæ фынæй кæны. Уалынмæ æрбатахт иу рæсугъд хъз’лон цъиу, æмæ иннæ цъиз^ы комкоммæ æрбадт. Йæ гализ^ базыр æрæвæрд- та, фынæй чи зынд, з’ыцы цъиуы рахиз базырыл, йæ рахиз базыр та йын йæ коцорайыл æрæвæрдта. Цъиу ’базмæлыд, йæ сæрыл схæцыд æмæ йын уæду хъулон æмæ рæсз’гьд чи згыд, з^ьщы цъиу йæ хъусы цыдæртæ бацъыбар-цъыбур кодта æмæ бæласæй апæррæст кодта. Уæд фыццаг цъиу дæр йæхи бауыгъта, йæ базыртæ айтыгъта æмæ хъз’лон цъиуы фæдыл атахт з^æнгрогæй. Иртаг цы бæласмæ каст, з^ьщы бæласы фале, з’артæ фалдæр та чысыл тымбыл рæсугъд цъæх-цъæхид цад æрттывта хзфмæ. Йæ алы фарс алыхуызон ногдзыд дидинджытæ фæйнæрдæм артау цæхæр калдтой. Сæ диссаджы зæрдиаг тæф сын алæмæты зынг æфтыдта Иртаджы з’лæфæнтыл. Цады æвзонг фæсивæд хъæлдзæгæй дыуз^æр- дæм сыффыттытæ ко’дтой, сæхи надтой. Иртаг цады былмæ куыд бацыд,.уый не ’рхъз^ыды кодта, фæлæ уым;иу'чызгмæ кæсгæйæ куыд баззад, афтæмæй æрæмбæрста йæхи. Чызгдæр æм касти, касти, стæй бахудти æмæ кæсагау йæхи цадмæ нывзылдта. Иртаг лæугæйæ баз- зад. Исдуг æм афтæ фæкасти, кæд та фын з’ыны. Фæлæ та йæм уæдмæ чызг фездæхт, йæ зфс-урсид буарыл доны цæппузыртæ хъазыд. Иртагмæ дæрддзæф æрлæууыд ’æ’мæ йæм дззфы: — Ды мæн нæ зоныс, фæлæ дæ æз рагæй зонын. Гыццыл ма куы З^ыдтæн, уæдæй нырмæ дæ зонын æз. Иртаджы цæстыты уæлтъыф&лттæ сæ тыбар-тыбурæй нал æнца- дысты. Æрæджиау бафарста:/ — Æз ацы горæты фыццаг хатт дæн. Уæд мæ куыд зоныс рагæй?! Чызг фæныфсджындæр, йæ дæнцдегтæ ферттывтой., — Æз дæр ардыгон нæ дæн. Æз дæр уыцырдыгон дæн, ды кæцы’р- дыгон дæ, уыцырдыгон дæн æз дæр \ Æз Бибудты чызг дæн Тинатин! Ам ахуы’р кæнын, ацы горæты. — Мæнæ диссæгтæ! — хъæрæй загъта Иртаг. — Диссæгтæ! — загъта чызг дæр. — Ды-иу нæ рæзты куы фæцæй- 87
цыдтæ, уæд-иу æз сз’сæгæй дæ фæстæ кастæн. Дæуæй иууылдæр æппæлгæ кодтой. Æмæ дæ æз... — дзурын нал сфæрæзта чызг. Иртаг фестад æмæ сывдæггай фæцæйцыди чызгмæ. — Мæнæ диссæгтæ! — ногæй та загъта цæугæ-цæуын. — Бибудты чызг Тинатин! — Æз -иу мæ фыны дæр дæу з’ыдтон. Стæй-иу цин кодтон, кæй дæ федтон фыны, ууыл. — Æмæ чызг дæр йæ рог, йæ цыбыр къах- дзæфтæй бараст Иртагмæ. Æмæ фæцæйцыдысты кæрæдзимæ Иртаг æмæ Тинатин. Стыр хидыхьус Иу зымæгон бон сихорафон Иртаг лæз’уыди Терчы был стыр хиды цур æмæ Плиты Иссæйы цыртдзæвæнмæ каст. Йæ зæрдæмæ нæ цыди цыртдзæвæн. Плиты Иссæйæн хъуамæ ахæм цыртдзæвæн уаид! Кæд аразыс, уæд —нывыл, хъ}^амæ дзы ас дæр уа! Хъуамæ дзы хуыз дæр уа, хъуа- мæ дзы хъуыды дæр уа! Амæй та, зæд у, æви лæг, уый бæрæг нæй. Æмæ Иссæ та лæг уыди, хæстон лæг, æрмæст йæ номæй дæр-иу знæг- тыл ризæг кæмæн бахæцыд, ахæм лæг. Ацы хъуыдытыл куы уыдис, афтæ йæ фарсмæ иу машинæ дзыхъ- лæз’Д фæкодта. Машинæйæ рахызт иу чызг, бынтон æнæвдæлон уад бакодта Иртагмæ. — Æз Алинæ дæн, Алинæ... Машинæйы рудзынгæй дæ ауыдтон æмæ... Ныр мæ не ’вдæлы. Мæ мады мады рынчындонмæ кæнæм! Сом ацафон-иу ам лæуу, ацы стыр хидыхъус. Нæ? — чызг фæстæмæ ныззылд æмæ машинæйы абадт. Машинæ размæ атахт. Иртаг йæ бынаты сагъдаз’ лæууыд. Йе 'мзгД куы ’рцыд, уæд йæ зæрдыл æрлæз’уыд, Алинæимæ куыд базонгæ, уыцы хабар. Уæд та, Къзфайы сæрты цы хид и, уырдыгæй кастис Вахтанг Горгасалийы цыртдзæвæнмæ. Мæсты йæм колдта. Ос-Бæгъатырыл хинæй кæй рацыд, донмæ йæ кæй фехста æмæ йæ сайдæй кæй амар- дта, з’ьш тыххæй. Уыцы дард хабæрттæ дæр та æрлæуз^ыдысты йæ зæрдыл. Уæд, уартæ Фæндзæм æнусы, гуырдзиæгтæ, сæ синтыл хъуын куы фæхæцыд, уæд, сæ алыварс цы ирæттæ цард, уыдонмæ куы рай- даиккой лæбурын. Рамæсты уæд Ос-Бæгъатыр, æмæ йе ’фсадимæ алæ- бзгрдта Гуырдзыстонмæ. Ныффалгæрон кодта гз^ырдзыйы ’фсады, гуыр- дзиаг паддзахы чызджы та йæхицæн усæн рахаста йæ фæсарц. Цалдæр азы фæстæ гз’ырдзиаг паддзахы фырт Вахтанг Торгасали, цæмæй йæ маст райстаид, згый тыххæй мæнг фидауджытæ æрбарвыста Ирыстонмæ. Ос-Бæгъатыр ыл бауз^зендыд, араст йæ каистæм. Раст Къу-" райыл кз^ыд фæцæйхызт, афтæ йыл донмæ ныккалдта Вахтанг Горгаса- ли. Уый фæстæ йæ донæй рахæссын кодта йе ’фсадæн, йæхи къухæй йьш йæ сæр ралыг кодта, æмæ сæрæй пуртийæ хъазын кодта йе ’фсады. Иртаг хъæрæй загъта: 88
— Уæдæ дын Ос-Бæгъатыр дæр лæг, æмæ Вахтанг Горгасали дæр! Иртаг Иссæйы цыртдзæвæнмæ бирæ фæкаст, йæ цæстытыл та-иу ауади Вахтанг Горгасали дæр. Уый фæстæ та йæ цæст адардта Ирыс- тоны бæрзонд цъитиджын хæхтæм. Фæстæдæр йæ цæст æрæвæрдта Мад-хохыл, бирæ фæкасти Мад-хохмæ, стæй, цыма искæмæн дзырд- та, уыйау дзурын райдыдта йæхицæн: — Æз æппындæр разы нæ дæн, ирон адæмы фыдæлты чи ’фхæ- ры, уыдонимæ. Ахуыргæндтæ дæр сæм ис, афтæмæй иу хъуыддаг не ’мбарынц: йæ фыдæлты чи ’фхæры, уый йæхи ’фхæры, уый, йæхæ- дæг ницæйаг кæй у, уый æргом кæны. Хæфс дæр ма, дам, йæ цъыма- райæ йæ сæр куы сдары, уæд афтæ хъæр кæнын райдайы: «Мæ мад — Мады Майрæм, мæ лæппын — Хуры тын!» Нæ фыдæлтæ, дам, нын ницы ныууагътой. Æмæ нын куыд ницы ныууагътой?! Зæххыл, дам, фыццаг цы ’ртæ ’взаджы уыд, уыдонæй сæйраг, Хуыцаумæ кæмæй куывтой, уый ирон æвзаг куы уыдис тау- рæгъмæ гæсгæ, уæд нын куыд ницы ныууагътой! Уæдæ ирон кад- джын æгъдау, ирон намыс, ирон æфсарм ницыуал сты?! Уæдæ зæхх дæр афтæ! Зæххы цъарыл Кавказæй рæсугъддæр бæстæ нæй. Æмæ кавказæн йæ зæрдæ Ирыстон куы у. Ныр мæнæн мæ бон куы уаид, уæд Мад-хохыл самаин дунейыл æппæтæй бæрзонддæр мæсыг. Уый сæрыл сæвæрын кæнин, Ос-Бæ- гъатыр йæ бæхыл кæм бады, йæ кардæй уартæ знæгты ’рдæм кæм амоны, ахæм цыртдзæвæн. Уадз æмæ æгас Кавказы адæмтæ дæр уыной уыцы ирон æхсарджын лæджы. Мæсыджы сæрæй акæсгæйæ зыниккой иууылдæр нæ фыдæлты зæххытæ: Сау денджызæй Хъаспы денджызмæ, Хуссар Уæрæсейæ Фæскавказмæ. Дун-дунетæй нæм ныггуылф кæниккой туристтæ æмæ фениккой сæхи цæстæй Ирыстоны дзæнæты бынæттæ. Базонгæ уаик- кой Иры хæларзæрдæ рæсугъд, хæрзконд адæмимæ... Йæ ныхæстæ куы фæци конд, уæд йæ алыварс акасти — мачи йæм хъуса, кæннод æй исчи æнæзонд фæхондзæн. Йæ зæрдæ бахъæлдзæг — цæмæй, ууыл нæ хъуыды кодта. Иртаг хидмæ ’ввахс цардис, æмæ араст и фистæгæй сæхимæ. Хидæн йæ фаллаг хъусмæ куыддæр бахæццæ, афтæ — мæнæ Алинæ æмæ йемæ иу йæхи кар чызг йæ размæ фесты сыгъдæг иронау ныхасгæнгæйæ. Алинæйæн йæ мады мады рынчындоны не схуыссын кодтой. Су- дзинтæ йын скодтой, фæхуыздæр æмæ йæ фæстæмæ хæдзармæ рар- выстой. ... Уæд Алинæ йе ’хсæрдæсæм азы уыд. Нырма скъолайы ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы, æмæ сæ Тбилисмæ акодтой экскурсийы. Уый фæстæ цалдæр хатты Тбилисæй фæцыдис Иртаг Дзæуджы- хъæумæ Алинæйы уынынмæ, сæмбæлдысты-иу, фæныхæстæ-иу код- той. Стæй фæхицæн сты. Æмæ цалдæр азы кæрæдзийы нал федтой. Сындæггай ахицæн сты, царды уылæнтæ сæ нал æрбахастой кæрæ- дзимæ æмæ адард сты кæрæдзийæ. Æмæ та мæнæ сæмбæлдысты. Куыд æм рагæпп кодта машинæйæ! — Чи зоны, æмæ мæ Хуыцау бынтон нæ рауæлдай кодта, — загъта 89
та хъæрæй Иртаг. — Алинæ, мæхи Алинæ, — бафæлладтæн дæс азы дæу агурынæй. Мæ цард-цæрæнбонты дæу йеддæмæ никуы никæй уарзтон. Ды мын бавзарын кодтай уарзты цин дæр æмæ уарзты мастдæр. Чызг хъуыста лæппумæ æмæ йæ цæстытæ сæ къуырфыты нал цыдысты. Æрæджиау куы скъæрцц кæнид:, — Уæдæ мæ кæд афтæ уарзыс, уæд ма хидæй донмæ ныггæпп кæн. Иртаг дæр дын ныззылд æмæ хиды гæзæнхъæды сæрты атахти. Ныр бады Алинæ рынчындоны Иртаджы уæлхъус, йæ цæссыг йæ хъæбысмæ згъæлы, афтæмæй хъуыды кæны: «Нарты Маргъуыз.йæ фындз куыд ралыг кодта, афтæ æз та ме ’взаг ралыг кæндзынæн, к}'ыддæр йæ къах исты кæна, афтæ. Æндæр гæнæн мын нæй». Дыууæ чиныджы тыххæй Мæ фыд Ладо Уанейы фырт рай^ырд 1904 азы Хуссар Ирысто- ны, Ленингоры районы Цъубеныхъæуы. Амардис 1997 азы. Цалынмæ ма æгас уыдис, ^^æдмæ дзы æз фехъуыстон ахæм хабар: .-■ — Мæ фыды фыд Джиомæ, уыдис дыууæ тынг зæронд чиныджы. Уыцы.дь^уæ чиныгæй иу уыдис фæндзæм æнусы уагъд. Чиныджы ирон æвзагыл фыст ^^ыдысты нарты хабæрттæ. Иннæ чиныджы та •■мыхуыргонд уыд-Алгъуызы кадæг. Уый дæр ирон æвзагыл. Джио- йæн ацы чингуытæ чидæр адавта, æмæ тынг маст кодта, йæ фыдæлты хæзна кæй нæ бахъахъхъæдта, уый тыххæй. ........'.. ; -•■ Джио-иу афтæ дзырдта мæ фыдæн:, — Чингуыты’ фыст ис "■: кадæг «Стайы цармдарæг» æмæ Алгъуызы кадæг.дæр ныффыста Давид Сослан. Ныффыста сæ ХП-æм æнусы гуырдзиаг æвзагыл. «Стайы цармдарæг» ныффыста, араббаг æвза- >гыл раздæр чи рацыд, ахæм таурæгъæй. Алгъуызы кадæг та У-æм æнусы ирон æвзагыл фыст чи æрцыд, ахæм кадæгæй. , Мæ фыд йæ фыдæй цы хабæрттæ хъуыста, уыдонæй ма-иу йæ зæрдыл кæй дардта, уыдон-иу мæнæн дзырдта, чысыл-ма куы уыд- тæн, уæд. Ацы рæнхъытæ дæр мын уæд радзырдта: Фæндзæм æнусы æз хъуыстон, куыд цардис.паддзах Алгъуызон. Йæ хабæрттæ уын ны.ффыстон,-. йе ’мцæрæг ирон Дыгъз^ызон. ... Фондз азы бирæ фæ)^ыгътон, стъалы —■ фаззæттæ:иухуызон.- Зæрин цъары сæ ныттыхтон, цæмæй уæларвмæ ысхъуызон. Ирон фарн Мæ кусæн уаты бадтæн æмæ цыдæртæ к}^ыстон. Уыцы рæстæ- джы дуар чидæр æрбахоста, æмæ мæ хорз зонгæ, йæ кары чи бацыд, ахæм лæг æрбахызт мидæмæ. Кæрæдзийыл бацин кодтам, нæ ны- хæстæ адаргъ сты. Куы цыдис, уæд йæ пинджачы мидæггаг дзыппæй систа, цыппæрдагъ кæй бачынди, ахæм тетрады сыфтæ. 90
— Иртаг, мæнæ ацы фыстæгмæ æркæс,.6арæстытæ йæ кæн æмæ, кæд дæ бон у, уæд æй «Рæстдзинад»-ы рауадз. Уадз æмæ цæгатаг ирæттæ зоной, уым Гуырдзыстоны ’хсæн цы ирæттæ царди, уыдон ирон фарныл хæст кæй уыдысты. Æрмæст дæ курæг дæн — газеты мæ кой ма скæн. Æз бакастæн, тетрады фæрстыл цы фыст уыди, уый, æмæ мæхи- цæн хæсыл банымадтон мæ зонгæйы куырдиат сæххæст кæнын. Мæнæ уыцы лæджы фыст: «Гуырдзыстоны Къаспы районы Къодисцкаройы хъæууон советмæ хаз’ы авд хъæуы: Къодисцкаро, Рене, Нигоза, Чобалаур, Хъарапина, Сæрибар æмæ Задытыхъæу. Ацы авд хъæуæй фондз у сыгъдæг ирон, дыууæйы, Къодисцкаро æмæ Чобалауры та фылдæр цæрынц гуырдзы. 1941 азы Хъарапинайы цардис ссæдз хæдзары. Уыдон револю- цийы агъоммæ ардæм фæлыгъ’дысты Хуссар Ирыстоны хъæутæй. Хæст куы райдыдта, уæд ацы чысыл ирон хъæуæй акодтой æртæ æмæссæдз лæппу-лæджы, сæ фылдæрæн бинонтæ дæр нæма уыд. Хæстæй ма æрыздæхтысты æрмæстдæр æртæйæ, ссæдзæй радтой сæ сæртæ.фы- дыуæзæджы сæрвæлтау, уыдон æхсæн фесты Тъехты Ладойы æртæ ’фсымæры: Датикъо, Миша æмæ Исакъо дæр. Хæсты рæстæджы Къодисцкаройы хъæуы ирæттæ нæма цардис, уыдис сыгъдæг гуырдзиаг хъæу сæдæ хæдзармæ ’ввахс. Ацы егъау хъæуæй хæстмæ ацыдис æрмæст æртæ лæджы æмæ æртæ дæр сæ хæдзæрттыл сæрæгасæй сæмбæлдысты. Хорз у цæвиттонæн ацы дыууæ хъæуы кæрæдзийыл абарын. Ладо йæхæдæг хæсты рæстæджы цалдæр азы ахæстæтты хъахъхъæ- нæгæй фæкуыста. Хæсты фæстæ куыста бригадирæй, колхозы сæрдарæй. Ладо, йæ бинойнаг Женяимæ (Цæриан) схъомыл кодтой цыппар лæппуйы æмæ иу чызг. Хистæр лæппу рауад агроном, дыккаг — тех- нолог-сæнгæнæг æмæ фыссæг, æртыккаг — афицер, сæхо сси меди- цинон хо. Се ’ппæты кæстæр —. универсалон æрмдæсны. Ладо æмæ Женяйы сывæллæттæ ахæм куыстуарзон, æгъдауджын рауадысты, æмæ авд хъæуы мидæг сæ ном хъуыст уыди, алы фын- джы дæр сæрмагондæй сæ цæрæнбоны рæгъытæ уагътой. Дзæбæхæй æрæййæфтой сæ цоты цотьгдæр. Сты фараст: авд лæппуйы æмæ^дыууæ чызджы. Уыдонæй ис артист, юрист, журналист, дохтыртæ. Йæ кæрдзындæттон æмæ цингæнаджы æдде ма Женя 5^ыди хорз хъа- рæггæнæг. Уый, дам-иу кæм бахъарæг кодта, уым, дам-иу къултæй дæр цæссыг згъæлди. Куыд дзурынц, афтæмæй йæ сæр базыл никуы æрæ- вæрдта, афтæ-щ^ бадгæйæ арæдзæ-мæдзæ кодтаид æмæ та — йæ митæм. Ладо фæцарди нæуæдз азæй фылдæр, Женя та стай азæй уæлæмæ. Æмæ ма, чи зоны, абон дæр цæриккой, Гуырдзыйы зæххыл Звиад æмæ Звиады хъузонтæ куы.нæ фæзындаид, }^æд. Нæ ныффæрæзтой сæ сыгъдæг удтæ уыцы хъæддаг лозз^нгтæм хъусын. Æмæ рæдигæ алчидæр кæны, фæлæ дисыл æндæр хъуыддаг æфтаз^ы адæймаджы — куыд æнцон, куыд тагъд ацардауæн у гуырдзиаг лæг! Хъарапинайы абон ис фæндзай хæдзары, фæлæ йæ сомбон бæрæг нæу». Фыстæгæй ницыдæр æппаргæ акодтон, ницыдæр æм æфта^^гæ бакодтон, куыд фыст уыд, афтæмæй йæ радтон газетмæ. 91
<♦><*><*> Нарты кадджытæй ООО Нарты кадджытсе сез ныффыстон, мсе фыд-иу ссе куыд кодта, афтæмæй. Адсемгщ кадджытсе зонынц, уыдонсей хицсен ксей ксенынц цсемсейдсерты, уый тых- хсей ссе хсессын адсемы размсе. Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой Уырызмæг æмæ Хæмыц фаззæттæ уыдысты. Афтæ тагъд рæзы- дысты, æмæ сыл бон уылынг æфтыд, æхсæв — дисны. Фатæй æхсынхъом куы фесты, уæд-иу бон уынгмæ рацыдысты хъазынмæ. Сæ фатты ’хситтæй æнæхъæн Нарт хæдзæртты мидæг нымбæхстысты. Иу къз’лбадæг ус йæ чызджы донмæ рарвыста. Хæ- мыц æй куы ауыдта, уæд æй фехста æмæ йын йæ дурын ацъæл кодта. Чызг аздæхт æмæ кæугæйæ оацыд хæдзармæ. — Цы кодтай, мæлинаг мын фæуа дæ сæр, цæмæн не ’рбахастай дон? — Хæмыц мын мæ дурын фехста фатæй æмæ мын ныппырх кодта мæ дурын, — загъта чызг. Мад чызгмæ радта æндæр дурын æмæ йын дзуры: — Ацу æмæ дæм кæд мæ кæрзæвзагæй исты ис, уæд ын цы хъæуы, уый зæгъ. Кæннод дын, цы дзидзи фæдардтон, уый дæ фарсы тæнæ- гæй фæуæд. Рацыдис чызг, куыддæр кæртæй рахызт, афтæ та йын йæ дурын фехста Хæмыц. Чызг æм баздæхт æмæ йын загъта: — Дæ тых мæньцгцы ’взарыс — мæныл хъæды маргъ дæр куы тых кæны, уæд?! Кæд афтæ тыхджын дæ, уæд дæ фыды фыд Уæрхæг Нар- ты хъомы фæдыл йæ уд исынмæ кзпы ’рцыд! Ацу æмæ уый бацагур. Лæппзпгæ ацы ныхæстæ куы фехъз^ыстой, з^æД сæ фаттæ ’мæ се ’рдынтæ ныцъцъæл кодтой, хæдзары смидæг сты æмæ сæ мадæн загътон: — Мах цæз’æм Нартæм — нæ фыдæлтæй чидæр æгас разындис æмæ йæ хъуамæ æрцагурæм. Рараст ысты лæппутæ æмæ Нарты Ныхасмæ æрцыдысты. Нарты æртæ мыггаджы адæм Ныхасы бадтысты. — Фарн уæ Ныхасы] — салам сын загътой лæппутæ. — Фæрнджын з’т! — дзуапп радтой адæм. — Фехъз’ыстам, нæ фыды фыд Уæрхæгæй Нарт хъомгæс скодтой сæхицæн. Курæг уæ стæм — бацамонут нын, кæм ис, згый. — Мæнæ лæппз^тæй искæй акæнут уемæ, æмæ уыц æй уый баца- мондзæн, — загътой Нарты хистæртæ Уырызмæг æмæ Хæмыцæн. — Хорз, — загътой Уырызмæг æмæ Хæмыц. Иу лæппз^ семæ акод- той Уæрхæджы агзфæг, цæз’ынц æмæ сæ къæхты хъæрæй зæхх змæ- лы, къæдзæхтæ хæлынц. 92
Уæрхæг дис кæны: «Мæ лæппутæ, Æхсар æмæ Æхсæртæг, куы амардысты, уæд ма кæцæй хъуысы мæ хъæбулты къæхты хъæр?» Лæпп)пгæ баввахс сты Уæрхæгмæ. Уæрхæг сæ фæрсы: — Чи стут? — Мах Æхсæртæджы лæппутæ стæм! — Дзуапп радтой уыдон. — Цæй, æрбаввахс мæм ут, æз уæ уе стæгæй базондзынæн. Уырызмæг æмæ Хæмыц бацыдысты æмæ ныттыхстысты Уæрхæгыл. Уæрхæг йе ’нгуылдзтæй арæхстгай æрысгæ’рста сæ цонджы хъулы стджытæ æмæ загъта: — Уе стæг æцæг дæр махæй у. Лæппутæ дæр ын радзырдтой, сæ мадæй цы зыдтой — куыд амар- дысты сæ фыд Æхсæртæг æмæ йе ’фсымæр Æхсар. Радзырдтой йын сæхи сæрыл, сæ мадыл. Уæрхæгæн йæ цæстытæ доны разылдысты, афтæмæй сын загъта: — Æгайтма мæ мыггаг нæ сыскъуыд. Рараст ис сæ разæй Уæрхæг йæ зæронд, чъырæй фидар арæзт мæсыджы ’рдæм. Лæппутæ йæ фæстæ схызтысты мæсыджы бæрзонд уæладзыгмæ. Бацыдысты мидæмæ, фæлæ хæдзар афтæ йе ’дзаг уыд быронæй, æмæ дзы æрлæууæн нæ уыд. Лæппутæй иу уисоймæ фев- нæлдта, иннæ — фыййагмæ æмæ, хæдзар цы уыд, уымæй авд хатты хуыздæр фестад. Стæй ацыдысты, фаджысы цъуппы лæдзæг ныс- сагътой, æмæ зæрондæн йæ доныхуыпп уырдæм ауадзын кодтой. Лæдзæджы бынат ахъаззаг куы сфынк ис, уæд лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ загътой: — Мах дæ лæпщ’тæ стæм æмæ абонæй фæстæмæ иумæ цæрдзыс- тæм. Кæд ма дæ фæнда, уæд ма дын ус дæр ракурдзыстæм. — Нæ, мæ хъæбултæ, — загьта сын Уæрхæг. — Æз ус курынæн нал дæн. Мæ дыууæ фаззоны сæфт мын асаста мæ тых, ахаста мын мæ ныфс. Цалынмæ Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы агуырдтой, уæдмæ Дзерассæ йæ цæгаты — Донбеттыртæм уыд. Ацыдысты лæппутæ, æрбакодтой йæ Нартыхъæумæ æмæ сæ. дадаимæ иумæ адджынæй цæрын райдыдтой. Уæрхæг ус нал ракуырдта, фæлæ йæ мард сывæллæтты мастæй иу афæдзы фæстæ амардис. Сатанайы райгуырд Уæрхæджы мæлæтæй афæдз куы рацыд, уæд Донбеттырты чызг Дзерассæ дæр рарынчын. Йæ мæлæты бон æрбаввахс, уый куы ба- зыдта, уæд йæ фырттæн загъта: — Куы амæлон, з^æд-иу мæ фыццаг æртæ ’хсæвы дзæгъæлæй ма ныууадзут — тынг тыхджын лæгæй дарын хæс, æмæ мыл мæрдты дæр нæ бацауæрддзæн. Амардис ус æмæ йæ баныгæдтой. Куы æризæр и, уæд Уырызмæг систа йе ’хсæнгарз, ссыдис ингæ- 93
ны цурмæ æмæ йæ райсоммæ фæхъахъхъæдта: Дыккаг æхсæв дæр афтæ. Æртыккаг æхсæв Хæмыц загъта Уырызмæгæн: — Нæ мад нæ дыууæйы дæр иумæ схъомыл кодта, — ахсæв та йæ æз бахъахъхъæндзынæн. Уырызмæг ын загъта: — Бæргæ.дæуыл куы æз^æндыдаин, уæд ды мæнæй кæстæр дæр дæ, æмæ йæ æртæ æхсæвы дæр ды хъуамæ хъахъхъæдтаис. Хæмыцæн хъыг з’ьщис Уырызмæджы ныхас, фæлæ цы акодтаид. Систа йæ хæцæнгарз æмæ араст зæппадзы ’рдæм. Лæууы зæппадзы дуары раз лæппу, уæдæ кз’ыд! Цасдæр рæстæг куы рацыд, з’æд æм Нарты- хъæуæй чындзæхсæвæй зарын райхъуыст. «Уымæн та цы зæгъон, мæ- лæтдзаджы ныхæстæм чи хъусы! Зæппадзæй ма чи ахæсдзæн мæ мады! Ацæуон, чындзæхсæвы аминас кæнон», — загъта йæхимидæг Хæмыц. Рацыдис. Куыддæр зæппадзæй иу цъус рахызт, афтæ зæппадзмæ иу сылгоймаг бахызт, йæ хуыз бынтондæр Дзерассæйы хз’ызæн, фæлæ авд хатты рæсугъддæр — йæ ном Сасана. Сасана ма куьфдуаты’куы уъщ, уæяынкæ мойы быдыры арв ньщ- цавта йæ фарсмæ. Лæппу фæмард, йæхæдæг аирвæзт з’дæгасæй, фæлæ йæ зонд кз^щдæр фæци. Уæдæй фæстæмæ бон хъæды дзæгъæл рацу-бацу кæны, æхсæв та згæлмæрдты кз^ы кæй зæппадзы сбон кæны, кз^ы — кæй. Сасана куыддæр Дзерассæйы фарсмæ æрхуыссыд, афтæ зæппадз ныррухс æмæ Уастырджи уым фестад. Уастырджи Сасанайы Дзерассæ фенхъæлдта, йæ комы улæфт ыл баз’агъта æмæ фæстæмæ атахти уæларвмæ. Рацыдис афæдзы бæрц. Зæппадзы рæзты Нарты кæлæн Сырдон æрцæйцыди. Зæппадзæй йæм сывæллоны кæз^ын райхъуыст. Нарты æртæ мыггаг бадтысты Ныхасы. ’ — Хорз райсом — Ныхасæн! — Хорзæхджын у, Сырдон! Æмæ сын радзырдта Сырдон: — Диссаг цæз^ы Нарты з’æлмæрды: сывæллоны кæуын дзы хъзозюы. Уырызмæг ныхасы сæр бадти. Бамбæрста хъуыддаг, Хæмыц ын алцыдæр радзырдта. Растад æмæ зæппадзы ’рдæм ацыд. Бакодта дуар,. бахызт мидæмæ æмæ ракодта чызг — Сатанайы. . Сатана ахæм рæсугъд, зондджын рауад æмæ йæ цæсгомы рухс талынг æхсæвы рухс кодта, йæ дыхас та кардæй цыргъдæр æмæ фа- тæй растдæр уыди. Уырызмæг Сатанайы куыд ракуырдта Уырызмæг куы слæг ис, уæд Алæгаты-рæсугъд чызг Елдайы ра’- куырдта. Сатана дæр рæзтис: иу мæйдзыдæй — афæдздзьщы хуызæн, афæдз- дзыдæй та æртæ аздзыды хз^ызæн з’ВДЩс. Уæнгтæй дæр æмæ цæсгомæй дæр ын æмбал нæ з’ыдис зæххыл — цæхæрцæст, сызгъæрин дзьпскз^джьш. 94
Куринаг чызг куы ссис, уæд йæ мидзæрдæйы загъта: «Бæргæ смой кæнин, фæлæ йæ куы нæ зонын, кæм ис мæ мойаг?» Хъуыды кодта æмæ арвы бын цæрджыты ’хсæн Уырызмæджы х^^ызæн куырыхон, ныфсджын, тыхджын никæй ссардта. Аскъуыддзаг кодта: «Ау, кæд мын Уырызмæг з’а, кæннод æппындæр не смой кæндзынæн!» Цы кæна Сатана. Йæхæдæг æм йæ, ныфс нæ хаста, минæвар барви- тын та йæ фæндгæ нæ кодта. Йæ мидзæрды загъта: «Цæй, мæ цæсгом бахæрон æмæ йын мæхæдæг басæттон» æмæ загъта Уырызмæгæн: — Уырызмæг, йæ хорзы æддæмæ ничи уадзы, æндæр мыггагмæ моймæ ацæуынæн тæригъæд дæн, æндæр фæндаг мыи нæй, мæ лæг хъуамæ суай! Уырызмæгæн хз’динагæй йæ хъустæ ссыгъдысты, йæ сæры хъуын- тæ уырдыг слæууыдысты. — Ацы ныхас дæ дзыхæй макуыуал сирвæзæд, кæд иу мады гуыбы- нæйнæ равзæрдыстæм, з’æддæр из’мæ схъомыл стæм, иу хæдзары, адæм нæ хо æмæ ’фсымæрыл нымайынц, худинаг у, цы зæгьдзысты адæм! Цы цæсгомæй ма радардзынæн мæ сæр Нарты ’хсæн! — загъта йын уый. Иу. цасдæр рæстæджы фæстæ Уырызмæг балцы ацыд иу афæдзы æмгъуыдмæ. Уæд ын йе ’рцыдмæ йæ ус Елда скодта бæгæны. Бæгæны фыцгæ хорз скодта, фæлæ йыл æшуан кз^ы ныккодта, узед нæ сæнхъызт Сатанайы хинтæй. Кзгы нæ йын рæстмæ кодта, уæд, Сатана загъта: — Кæд мын фыццаг æхсæв дæ лæджы ратдзынæ, уæд дын æй æз бантаудзынæн, æмæ дын сæнхъиздзæн. .— Хорз, — загъта чындз, ■.— кæд де ’фсымæр нал у, уæд дæу фæуæд! Елда-нæ зыдта, хо æмæ æфсымæр кæй не сты, з^ыцы хабар. Дзырд ын.куы радта чындз, .-уæд Сатана бантыдта бæгæны, æмæ тынг хорз сæнхъызти. Уалынмæ Уырызмæг æрцыдис, куывд скодтой æмæ хорз бæгæны фæныуæзтой. Изæрæй алчи дæр йæ хæдзармæ ацыдис. Сатана — арвы хин, зæххы кæлæн — сарæзта ахæм хз’ызтæ: стъа- лытæ æмæ мæй цыма рудзынгæй зындысты, уый хз^ызæн. Чызг æмæ чындз дæр бирæ фæбадтысты кæрæдзимæ ’гæсгæ, стæй уæд чындз дæр загъта: — Цæй, мах дæр схуыссæм, афон у, — зæгъгæ. Сатана мæй æмæ стъалыты хуызтæ царыл бакодта, йæхæдæг Уырызмæджы фарсмæ æрхз’ыссыд æмæ,.из^ рæстæджы куы уыдис,. З’æд Уырызмæг райхъал æмæ йæ йæ усы ’фсон йæ хъæбысы ’рбакод- та. Уæд æм дзуры Уырызмæг: ■— Алæгаты.чызг, фыццаг æхсæвæй ныр хз^ыздæр дæ. Чызг ын загъта: ■— Нæ мыггаджы хъæд афтæ у. Куы сбон ис, уæд Уырызмæг дззфы: — Бон з’ьщзæнис ныр. ■.-.,-■ а. Сатана йæм дзуры: ’ .. ’ .— Кæм и нырма бон, уæлæ мæй æмæ стъалытæ нæ з^ыныс? — æмæ та хз’ыссынц дарддæр дæр.' Æдде чындз катай кодта: «Кæд ын исты фыдбылыз сарæзта, цæй 95
æрæгмæ стьщц». Æмæ чындзæн мæтæй йæ зæрдæ атыдта, фæзæр- дæдзæф æмæ амарди. Сатана уый куы базыдта, уæд лæгмæ дзуры: ■’— Сыст, бон уыдзæн ныр, — мæй æмæ стъалыты хуызтæ райста æмæ рздаынг байгом кодта. Уырызмæг æй куы федта, уæд загъта: — Ай Сатана куы дæ! Уый йын загъта: — Æмæ уæдæ дысон-бонмæ кæимæ хуыссыдтæ? Фæзагъд кодта Уырызмæг: — Цæмæн мæ фæхудинаг кодтай, цæмæн афтæ бакодтай? — Ницы кæны, адæм дæр базондзысты, æз дæ хо кæй нæ дæн, — загъта Сатана, — уый бирæ худинаг нæу. Мард баныгæдтой — цы гæнæн ма уыди! — æмæ Уырызмæг хъыг кодта: — Фæхудинаг мæ кодтай. Куыд ма цæрдзынæн адæмы æхсæн! Адæм мын фидис кæндзысты. Сатана, загъта: — Ирон фидис — дыууæ боны, бирæ нæ хæссы. Худинаг дæр тагъд рох кæны.— Цом-ма уæдæ мемæ, кæддæра ныл адæм бирæ фæхудиккой? Рацыдысты ’мæ хæрæгыл сбадтысты размæ-фæстæмæ, афтæмæй йæ хъæууынгты ауагътой. Хæрæг цыди, адæм худæгæй мардысты: — Уæртæ хæрæгыл куыд бадынц! — сæ къухтæ сæм тылдтой. Дыккаг бон дæр та сбадтысты хæрæгыл æмæ та хъæууынгты ацы- дысты. Худгæ нæ, фæлæ кæсгæ дæр ничиуал ракодта. Уæд Сатана бафарста Уырызмæджы: — Гъер ма ныл исчи худы? Афтæмæй лæг æмæ усæй баззадысты Сатана æмæ Уырызмæг. Уастырджи æмæ Маргьуызы кадæг Иу ахæмы Хуыцау Уастырджимæ фæдзырдта, æмæ йын бæхы цармыл ныффыссын кодта, адæймаг куыд хъуамæ цæра, уыцы æгъдæуттæ. Саразын ын кодта фыссыны нысæнттæ æмæ йын загъта: — Ахæсс адон æмæ сæ Нартæм фæхæццæ кæн. Зæххыл уыдонæй зондджындæр æмæ тыхджындæр адæм нæй æмæ, цæмæй се ’мбисон- ды хабæрттæ ма фесæфой, цæмæй Хуыцаумæ кувой, æмæ йын йæ фæдзæхстытæ æххæст кæной, уый тыххæй сæ сахуыр кæн фыссын æмæ кæсын. Уадз æмæ зæххыл фыццаг уыдон базоной кæсын æмæ фыссын, стæй иннæ адæмты дæр сахуыр кæндзысты. Уастырджи бабадт йæ бæхыл, йе ’ккой бæхы царм, афтæмæй æрцыд, Нартыхъæуы йын цы хæдзар уыд, уырдæм. Райсом раджы рацыд. Ныхасмæ, æрæмбырд кодта адæмы æмæ сын хабар фехъусын кодта... Куы ныхас кодта, уæд æм иу }гс хъæрæй бадзырдта: — Цæмæн нæ хъæуы кæсын æмæ фыссын зонын. Маргъуыз кæ- 96
сын æмæ фыссын нæ зоны, фæлæ дæуæй тыхджындæр æмæ бон- джындæр у! Уастырджи Ныхасы нал фæлæз’уыд. Ацыди æмæ Маргъз’ызы ссардта. Маргъуыз ын хорз балæггад кодта. Цуаны дæр уыдысты, æмæ Уастырджи йæхи цæстæй федта, Маргъуыз дæр æмæ йæ бæх дæр Уастырджи æмæ.йæ бæхæй сæрæндæр кæй сты, уый. Уастыр- джи ма ноджыдæр федта Маргъуызæн йæ фос, йæ хъом — иууыл фаз- зæтты хуызæн — зæххыл кæй нæ цыдысты, йæ бирæ æххз’ырстытæ, йæ бирæ бæрзонд мæсгуытæ æмæ дис кодта : æнæбары лæгæн — йæ цæсгомыл фындз дæр к}'Ы нæй —. Хуыцау ахæм цард куыд радта? Цуанæй куы раздæхтысты, уæд иу ран уæлмæрдтæм æрбахæццæ сты. Уым æрфистæг сты. Сæ бæхтæ хизынмæ суагътой. Уастырджи уым лæз^уыди, фæлæ Маргьуыз иу ингæнмæ ссыди, ныккз’ыдта æмæ йæ цæстысыгæй йæ разы зæхх ныххуылыдз ис. Сæ бæхтыл сбадтысты æмæ рацыдысты. Иу фæзилæны кæрæ- дзийæн хæрзбон загътой, кæрæдзийæ фæхицæн сты æмæ сæ хæ- дзæрттæм афардæг сты. Уастырджи йæхинымæр хъуыдыгæнгæ цыди: «Цавæр хъаруджын у? Пехз’ымпартæй дæр ахæм кз’ы никз’ы федтон! Æмæ цымæ йæ фындз та цы кодта уыцы хъарз’джынæй? Уæ, куыд амардтæн, цæмæн æй нæ бафарстон!» Йæ бæх фездæхта фæстæмæ, расырдта йæ æмæ йæ изфан баййæфта. — Фæлæуу-ма мæм, мæ фысым, Хуыцауы хатыр мын бакæн, дæ фындз цы кодта, уый фæрсын дæ нæ бауæндыдтæн, æмæ мын æй ма оасусæг кæн, кæд дын зын нæу, уæд. Маргъз’ыз ныуз^ынæргъыдта. — Уæ, мæ кадджын уазæг! Уыцы фарстайы бæсты мæ фæлтау куы амардтаис! Ныр мæм байхъус, кæд гæнæн нал и, уæд: Фыццаг ус куы ракуырдтон, уæд мæхицæй амондджындæр зæххыл никæйуал æнхъæлдтон. Мæ царды ’мбал Нартанæ ахæм рæсугъд æмæ уæздан уыд, æмæ дзы хзфтæ æмæ мæйтæ касти. Иу афæдзы фæстæ мын ныййардта лæппу, фæлæ йæхæдæг мæр- дты хай фæци. Æз тынг фæхъыг кодтон, Нартанæйы хатырæй ус нал ракуырдтон æмæ сывæллоны мæхæдæг иунæгæй схъомыл кодтон. Лæппу фырыхъулы хуызæн з’ыди, æмæ йыл ном дæр Фырхъз’л сæ- вæрдтон. Фырхъул усгур кз’ы сси, з’æд иу чызгимæ кæрæдзийы бауарзтой. Æз мæ чындзаджы куы федтон, уæд дæс боны æмæ дæс æхсæвы мæ цæс- тытыл хуыссæг нал æрхæцыд. Чыэг Арвтанæ мæ руХсы бадинаг Нарта- нæйы бьштондæр цæрмыстыгъд бакодта, афтæ йе ’нгæс З’ыди. Цыма Нартанæ райгас æмæ мæм мæрдтыбæстæй æрцыд, афтæ мæм каст. Æз сазтз’ырм бадæн, мæ зонд фæцыдис, Арвтанæйы мæхицæн усæн раскъæфтон æмæ дыууæ уарзон Уды тæригъæды бацыдтæн. Фырхъул мынзæгъгæ ’ницы кодта, фæлæ иунæгæй æнкъардæй йæ хъиутæ хордта хицæн хæдзары. Иуахæмы дард балцы з’ыдтæн, æмæ-иу мæм уырдæм кæцæйдæр зонгæ буары тæф цыди. Мæ фындзыл æмбæлди æмæ дзы уынгæджы 7 Тъехты В. 97
фæдæн. Куы нал фæрæзтон, уæд мæ бæхыл сбадтæн æмæ нæ хæ- дзармæ рацыдтæн. Æхсæвыгон æрхæццæ дæн, нæхимæ бацыдтæн. Мæ уаты лæг æмæ ус иумæ хуысгæ баййæфтон. Мæ кард фелвæстон æмæ 1*у щæфæн дыууæтсæн дæр сæ сæртæ атæхын кодтон. Райсом сæм æркастæн æмæ мæ уе Арвтанæ æмæ мæ лæпп}' Фырхъул разын- дысты, <æвæццæгæн мæ сæ маст истой. Фердиаг кодтон: «Ай мын ды уыдтæ, жæ фындз!» — .загътон, цирхъ фелвæстон æмæ дзы мæ фындз ахауьш кодтон. Уæлæ кæугæ кæм кодтон, уыцы ингæны ныгæд сты иумæ уыдон! Уæд Уастырджи загъта; — Цом, жæ мын шердты фенын кæн! Ссыдысты ингæнмæ. Ракъахтой ингæн æмæ систой мæрдты. Уас- тырджи нымæтын ехс æруагъта мæрдтыл. Ус æмæ лæппу, цы уыды- сты, уымæй рæсзтъддæрæй райгас сты. Уастырджи ехс Маргъуызы фындзыл дæр æруагъта, æмæ фындз цы уыди, уымæй авд ахæмы рæсугъддæрæй йæ бынаты абадт. Æрцыдысты Маргъуызы хæдзармæ цингæнгæ. Стыр куывд скод- та Маргъуыз. Уастмрджийæ феппæлыдысты: — Ай цæй хорз,. цæй амондджын уазæг у! —’дзырдтой кæрæдзи- йæн кз’’ывддон адæм. Маргъз^ыз Уастырджийы йæ хæдзарыл сæмбæлын кодта. Дыккаг бон, чи йын йауайдзæф кодта, уыцы усæн загъта Уастырджи: — Уæ, ацы налат ус! Дæу тыххæй фыдæбæттæ дæр федтон, фæлæ хъаруджын лæгамæ дæр базонгæ дæн. Уæд ын ус :загъта: — Ус мæ хоз^ьщи, лæг та Маргъуызы лæппу, ды адæмæн хостæ кæныс, æмæ, кæд уыдонæн дæр исты хос æрцæуид, уый тыххæй дын афтæ загътон. Уæд ын Уастырджи загъта: — Ныр мауал мæт кæн! Райгас сæ кодтон! Ус фырцинæй йæ сæрæн цы акæна, уымæн ницыуал зыдта æмæ ныхъхъæр кодта. — Уæдæ дæм ныр мах дæр абонæй фæстæмæ зæрдиагæй хъ}^сдзыс- тæм, æмæ нæ сахуыр кæн кæсын æмæ фыссын. Уастырджи æцæгæй дæр сахуыр кодта Нарты адæмы кæсын, фыссын, æмæ сæ хабæрттæ фæрнæй* фыстой. Ахуыр кодтой иннæ адæмты дæр фыссын, кæсын æмæ Хуыцауы фæдзæхстытæм гæсгæ цæрыны æгъдæуттыл. Фæстагмæ Нартæ афтæ схъал сты æмæ æндæртæн амонгæ нæ, фæлæ сæхæдæг дæр нал куывтой Хуыцаумæ. Кз’вгæ нæ, фæлæ ма йемæ хæцын дæр райдыдтой. Хз^ыцау Нарты адæмы куы фесæфта, з^æд сæ быныскъуыд нæ фæкодта. Аззади ма дзы æнæбары чидæртæ, йуæй-иутæ та сæ лæгау- лæгтæй. Маргъуыз удæгасæй аирвæзт Уастырджийы ’руаджы йе ’ххуырст адæмимæ. Уый хорз сахуыр кодта фыссын, кæсын æмæ ныв кæнынмæ дæр хорз арæхстис. Аскъ^^ыддзаг кодта Нарты сæфты хабæрттæ ныф- 98
фыссын. Скъахта сырх æлыг, сызмæста йæ донимæ æмæ дзы сарæзта авд тымбыл хзфы хуызæн къаннæг тæбæгъы. Тæбæгътæ цалынмæ хуылыдз уыдысты, уæдмæ сыл ныффыста Нарт куыд фесæфтысты, уыцы хабæрттæ. Тæбæгътæ куы схус сты, уæд дзы иу Нарты зæххы арф баныгæдта, иннæтæ арвыста æмæ сæ зæххы къорийыл алы рæтты зæххы арф баныгæдтой. Маргъуыз кæй арвыста тæбæгътæ ныгæнынмæ, уыдон куы ’рыз- дæхтысты, уæд ма йæ адæмæй чи уыд æгас, уыдон бамбырд кодта, æмæ сын загъта: — Чи зоны, Хуыцау мах рæстæгмæ ныууагъта, цæмæй ацы куыс- тытæ бакодтаиккам, уый тыххæй, стæй мах дæр сафгæ кæна. Уæд- дæр, табу .Хуыцауæн, æмæ ма нын цыдæртæ бантыст. Чи зоны, æмæ нæ фæстæ цы адæм цæрой, уыдонæй-иу исчитæ сæхицæн хæдзар куы аразой, æмæ зæхх куы къахой, уæд нын нæ тæбæгътæй искæцы ссарой, райхалой йын йæ фыстытæ, æмæ дис кæной Нарты адæмы æмбисонды цардыл. г Мах та кæд Хуыцау нал фесафа Уастырджийы фæрцы, уæд хъуа- мæ фæстæмæ раздахæм Нæртон лæджы кад. Ма рох кæнæм не скæ- нæг Хуыцауы ном. Уарзæм кæрæдзийы æмæ зонæм нæ сæрæн аргъ кæнын. Æндæр адæмтæн дæр лæггад кæнæм, фæлæ нæ сæрыл бадын макæй уадзæм. Маргъз’ыз дыккаг бон нæртон куывд скодта, æрхз’ыдта йæ адæ- мы, æрхуыдта Уастырджийы дæр æмæ Хуыцауæй ракуырдтой, цæ- мæй Нарты бынсæфт ма фæкæна.
Иртаг Иуактон пьесæ АРХ’АЙ ДЖЫ.ТÆ’ Гиго — 65-аздзыд Иртаг — 62-аздзыд 1 / V • " \ Аслан - 58-аздзыд / («фсымæртæ). ■ Д ж о н и — 52-аздзыд Н у г и ■ • — 28-аздзыд* сæ хойы лæппу, журналист Фати — 18-аздзыд, Иртаджы ахуырдзау Архайд цæуы мах бонты, Гуырдзыстоны ирон хъæутæй иуы. Фыццаг ныв Ногарæзт хæдзары кæрт, кæрты астæу тутабæлас. Бæласы бын — стъол, фæхсбандон. Иртаг бады æмæ цыдæртæ фыссы. чФати (ксертмæ бацыд сындæггай, йсе уæлсе цыбыр къаба, фæсШæрдыгæй оахъуызыд, йæ дыуусе къухæй Иртаджы цæстытæ амбсерзта. Лседжы хъæлсесæй). Базон-базон чи дæн? И р т а г (фесхъиудта). Батыр! Ф а т и. Нæ базыдтай! И р т а г. Гиго! Ф а т и. Нæ та базыдтай. И р т а г. Аслан! Ф а т и. Ацы хатт дæр нæ базыдтай! И р т а г. Джони! Ф а т и (йсехн хъæлæссей). Нæ та базыдтай! И рчТ а г. Дæ хорзæхæй, кæд хæйрæг нæ дæ æмæ мæ сайтæ нæ кæныс, уæд мæм дæхи равдис. Ф а т и (йсе къухтæ феуæгъд кодта). Салам, мæ хорз ахуыргæн&г! Иртаг (фестъæлфыд). Фати?! Кæцæй фæзындтæ? (Бандо- нæй зæхмæ фæцæйхауд.) Ф а т и (кæуын хъæлæсæй). Ма тæрс! Мæнæ мæ бон куыд калди, куыд дæ фæтæрсын кодтон! Иртаг (тыхстæй). Фати, ам.кæцæй февзæрдтæ? Цæмæн фев- зæрдтæ? 100
Ф а т и (кæуæгау дзуры). Æдылы усгур дæ цæмæн хонынц, уый базонын мæ фæндыди. И р т а г. Æмæ уый дæумæ цы бар дары: æдылы усгур дæн æви æдылы устытæн къуымгур дæн? Ф а т и. Куыд мæм цы бар дары, мæ ахуыргæнæг нæ уыдтæ? И р т а г. Æмæ дын афтæ кæд бацамыдтон, æмæ хохæй æрцæуай æмæ мын мæ цæстытыл ныххæцай? Ф а т и. Уымæ не ’рцыдтæн. И р т а г. Уæдæ? Ф а т и. Зæгъдзынæн дын уый дæр. И р т а г (сабырæй). Хъусын дæм! Фати (чьызгæ). Æз иу адæймаджы афтæ бауарзтон, æмæ мæ куынæ ракура, уæд мæхи доны баппардзынæн. И р т а г (хьæрæй). Æмæ уæхимæ дон никуы и? Ардæм донагу- рæгæрцыдтæ?! Ф а т и (скуыдта). Ныр бамбæрстон, æдылы усгур дæ цæмæн хонынц, уът. Ды чызджы зæрдæмæ ныккæсын нæ зоныс! И р т а г ницы дзуры. Сызгъæрин кæсаг дæ къухы вæййы, дь1,йæ дæ роны нæ бавæрыс, æлæ дæ къух суæгъд кæныс. Кæсаг ныцъцъыллинг кæны æмæ æстæмæ доны смидæг вæййы. И р т а г йæ сæр йæ риуыл æруагьта. Фати йæм исдуг кæсы йæ хъоппæг - цæстытæй, стæй йæм сындæггай бацыд æмæ йын йæ сæр йæ риуыл бакъул кодта. Ф а т и (рæвдаугæ хьæлæсæй). Актер Олег Табаков, композитор Никита Богословский, фыссæг Леонид Жуховицкийыл фæйнæ 65 азы куы цыдис, уæд сæ бауарзтой, 16-гай азтæ кæуыл цыд, ахæм чыз- джытæ, æмæ ма абон дæр амондджынæй цæрынц. И р т а г (сабыргай). Уыдон уырыссæгтæ сты. Мах та ирæттæ стæм. Ф а т и. Гергиты Валери дæр уырыссаг у?! Æмæ зоныс, йæ би- нойнаг дзы цал азы кæстæр у, уый? И р т а г. Æмæ дын æз Гергийы-фырт дæн? Уый æнæхъæн дуне- йыл хъуыстгонд у, мæнта нæ сыхаг хъæуты дæр нйчй зояы(Æнкъард худт бакодта.) Ф а т и. Дæ кæстæр æфсымæры дæр æнæхъæн дунейы адæм нæ зыдтой, фæлæ, йæ фыццаг ус куы амард, уæд ракуырдта йæ ах}^ыр- дзауы. Ракуырдта йæ æмæ сьш æртæ уæйыджы хуызæн фырты рантыст. Ир-таг (дисгæнгæ). Ме ’фсымг^ры хабæрттæ та цæмæй зоныс? Ф а т и (æрæджиау, йæхицæн дзурæгау). Уæ хъæуккаг ус нæ сыхаг у æмæ мæ мадæн кодта уыцы хабæрттæ. Æз дæр æм хъуыстон. Æмæ сæ бахъуыды кодтон,' уымæн æмæ мын æхсызгон уыдысты. И р т а г. Уæддæр дæ кæронмæ нæ бамбæрстон: афтæ мæм кæсьг, цыма мæ хынджылæг кæныс, кæннод та мын цыдæр хинæйдзаг ми аразынмæ хъавыс. Ф а т и. Уæдæ мæм лæмбьшæг хъ^^с æмæ мын мæ фæрстытæн раст дзуæппытæ дæтт! 101
И р т а г. Дæ дзыхæй сызгъæринтæ хауæд! Ф а т и. Æз ирон чызг дæн æви нæ? И р т а г. Сыгъдæг ирон чызг, ирон хæдзарæй! Ф а т и. Рæсугъд дæн æви нæ? И р т а г. Уæларвон зæды хуызæн, хуры тынтау дардмæ дæр тавыс æмæ æрттивыс. Ф а т и. 18 азы мыл сæххæст æви нæ? И р т а г. Сæххæст! Ф а т и. Ме ’гъдау мæхимæ ис æви нæ? И р т а г. Ис. Ф а т и (ныббогъ кодта). Уæдæ ма дæ цы з’Дхæссæг хъæуы? Цы пьесæ ныффыстай, згым афтæ куы хъарæг кæныс, 20 азы, дам, агу- рын 18-аздзыд рæсугъд ирон чызг? Иртаг. Ахæм хъуыды мæм-уыд 40 азы онг. Æдылы усгур дæр мæ уæд рахуыдтой иу 18 аздзыд чызджы мад æмæ фыд, сæ чызджы сын кæй нæ ракуырдтон, уый тыххæй. Ф а т и. Æмæ дыл ныр та цал азы цæуы? И р т а г. 62. Ф а т и. 32 азы дзы аппар! Иртаг. Куыд дзы аппарон? Афтæ æнцон куы уаид азтæй аппа- рын, уэед дзы æз фылдæр дæр аппарин. Ф а т и. Ды цы дохтырты къамисмæ бацыдтæ дæ биологон ас æвзарынмæ, мæнæ дьщ уьщы къамисы гæххæтт. Цæуы дыл 30 азы. (Хызынсей фелвæста гæххæтты сыф.) , И р т а г. Æз та йæм фондз боны фæстæ хъуамæ бацыдаин. Стыр бузныг. Фæлæ дæм, дæ хорзæхæй, куыд бафтыд ацы гæххæтт? Ф ати. Мæ мад дæр уыцы къамисы уæнг у, æмæ мын æй уый æрбахаста. И р т а г. Уæддæр 32 куыд ахауди мæ азтæй? Ф а т и. Тамако нæ дымыс, фыднозт нæ кæныс, наркоман нæ дæ, де ’нæниздзинадыл кусыс. Академик Геряевы уникалон аппаратæй пайда кæныс. Ноджы ма æндæр цыдæр сусæгдзинæдтæ дæр зоныс... И р т а г. Уыдон раст сты, фæлæ мæ æцæг уарзыс? Фати (йсе хызынæй сисы газет). Мæ з^Д^й фылдæр. Æз мæ мадæн иунæг чызг дæн, ницы дзы æмбæхсын, æмæ уый дæр разы у мемæ. Мæнæ дын де ’мдзæвгæ куы бакастæн, уæд мæ цинæн кæрон нал уыди. Бакæсон дын æй? Ирта г. Бакæс. Ф а т и (кæсы). Бафæлладтæн — уд амондыл нал хъарын, Ныр цы кæнон — рухс дуне.мыл сау кæны?! Уарзондзинад — фыны дæр æй нал арын, Афтæмæйты лæг куы бафта сау сæныл. Ды дзырдтай •— нæ нæ хъуыд фæхицæн, ^- Адджын мыдау никуы уыди ус курын. Ныр фæдзурын, уæ, мæ бон, мæхйцæн «Н’ асæтдзынæн дондзау чызджы урс дурын» 102
Куы нæ уадзай донхæссæджы 6ахудынг Уæд алы хатт æнæ донæй цæрдзынæ. Куы нæ зонай, ныфс æвæрын мах удæн. Уæд халонау иунæджы цард кæндзынæ. Исдуг сонт каст кæны Иртагмæ. Иртаг, æз дын мæ сонт сæнттæ куы райхæлдтон, уæд мын ды цæмæннæ исты зæгъыс? —. дæ зæрдæмæ цæуын æви нæ? Иртаг. Дæ ныхæстыл дын кæронмæ не ’ууæндын, цыдæр у. Фати. Уæдæ мын кæд не ’ууæндысмæныхæстыл (йæхызынæй сисы лезви), уæд ныртæккæ дæ разы мæ цонджы тугдадзинтæ алыг кæндзынæн. (Дасæн хъуамæ йæ цонгыл æруагътаид). Иртаг ын байсы йæ лезви. . И р т а г (митау ныффæлурс, афтæмæй). Уарзгæ нæ, фæлæ ма мæ зонд фæцæуынæй дæр фæтæрсын хаттæй-хатт. Æхсæвæй-бонæй дæуыл куъ1 хъуыды кæнын, фæлæ дын ме ’нкъарæнтæ æргом зæгъын никуы бауæндыдтæн. Æмæ сæ уæд æмдзæвгæйы схал кодтон. (Кæсы.) Мæ карæй азтæ фæсырдтон, —’ Мæхи дзы дзæбæх æнкъарын. Фыны’м’ амондмæ ысдзырдтон: Ма мын бадис кæ мæ карыл. Мæ бæллиц, чызджы, куы ссарин, — Ыстдæсаздзыд чызг, ирон чызг. Мæ къухтæ арвмæ ысдарин: «Бафтау мыл уарзты зыд ноджы». - Мæ бæллиц, фæзын, кæм мын дæ? Хæрзбон зæгъ дæ фыд, дæ мадæн, Зонын æй, де тмгар кæй нæ дæн, Фæлидзæм искуыдæм — дардмæ! Æхсæв дæ уæлхъус лæудзынæн, Æхсыры цады дæ наин, Дæ зæлдаг дзыкку дын фасдзынæн, Дæ къуыбыр фæрдгуытæй дын хъазин. Сызгъæрин коцора лæппу Хуыцауы фæндæй фæзынид. Цы цин нын хæссид нæ гæбул, Куыд фесæфиккой нæ зынтæ!.. Ф а т и. Æз уыцы æмдзæвгæ куы кастæн, уæд мæ цæстысыгтæ мæ рустыл леуахи кодтой, тæхз^ды, зæгъын, цымæ кæй дзыкку фасдзæн æмæ кæй къуыбыр фæрдгуытæй хъаздзæн?! И р т а г. О Х}^ыцау! Йæдаргъ фыны фæстæ райхъал мæ амонд! Тæхон ме ’фсымæртæм, хъуыддаг сын бамоарын кæнон, æмæ тæккæ райсом — чындзæхсæв, Нæртон чындзæхсæв! (Кæрæдзийы ныхъхъ- æбыс кодтой). Иртаг хъуыдыты ацæуы.-Хæрдмæ кæсы тутабæласмæ, стæй Фатийы йæ фарсмæ æрбадын кодта бандоныл. Хæстæгмæ йын йæ цæстытæм кæсы. 103
И р т а г. Дысон фыны ацы бандоныл бадтыстæм. Æз фæком- коммæ дæн уалæ бæласы цъупмæ. Кæсын æмæ — бæласы цъуппыл иу стыр цъиз’ хъазы гыццыл цъиз’имæ. Йæ рахиз базыры бын æй бакæны, йæ дзых ын йæ дзыхыл сæвæры æмæ йын цыдæртæ цъы- бар-цъыбур кæны. Уыцы рæстæджы фæцыд топпы гæрах, гыццыл цъиу æрхауд нæ размæ туджывдылдæй æмæ йæ уд систа. Уæд стыр цъиу тугкалгæ йæхи æруагъта бæласы бынмæ, йæ сæр гыццыл цъиуы риуыл авæрдта æмæ йæ уд систа. Мæнмæ афтæ тæригъæд фæкастыс- ты, æмæ кз’ынæ фехъал з’ыдаин, уæд, æвæццæгæн, мæ зæрдæ ас- къуыдаид. Ацы фын мæ зæрдæмæ нæ цæз’ы. Ф а т и. Цæй, цы æрæнкъард дæ. Адæймаг фыны цы нæ фены! И р т а г. Цæмæйдæр тæрсын. Ф а т и. Цæмæй тæрсыс? И р т а г. Дæ мад нæ куы нæ бамбара, адæм ныл куы фæх^дай. Ф а т и. Мæ мад нæ æмбары ныр дæр. Мæ мад афтæ фæзæгъы: ды}^уæ }^ды кæрæдзийы куы ’мбарой, уæд.уый сæ амонд у. Уæд сын бирæ цот рацæудзæн, нæ ирон адæм фылдæр кæндзысты уæд. Æмæ уый царды нысан у. Лæг хъуамæ хистæр уа, царды фæндæгтыл фæл- тæрддæр. Афтæ у царды æнæфыст æгъдау. Иртаг (хъæлдзсегсей). Уæдæ нæ адæм дæр кæд бамбариккой! (Фырцинæй фæгæпп кодта æмсе ныззарыд); Мæ Ирыстон, ард дын хæрын, Мæ цин — дæуыл куы зарин. Куы базонин демæ цæрын, Мæ уд дæуыл куы хъарин. Алы ран дæр — хъыг уа, цин уа, Ме ’взаг уагыл куы дарин. Ме 7знагæн дæр — ирон чи уа, Дæ хатырæй куы барин. Афтæ ’нхъæлын — зæххы цъарыл Нæй зæхх дæуæй рæсугъддæр, Бавзæрстон æй мæхи цармыл, — Нæй дæ донæй рæсугдæр. Ф а т и (кæсгæйæ баззад Иртагмсе). Афтæ хорз зарыс, уый нæ зыдтон. И р т а г. Тæккæ райсом чындзæхсæв! Фати(комкоммсе йсем ксесы). Æргом мын зæгъ: мæ митæ ирон чызгæн æгæр къæйных, æгæр уæгъдрох не сты? . И р т а г. Æппындæр нæ. Ф а т *и. Куыд нæ? Дæхæдæг куы-дзырдтай ирон чызгыл, дам, рог митæ нæ фидаз^ы. И р т а г. Уый уарзондзинад у. Уарзондзинад та куырм у, ничи ма зоны, адæймаг адæймаджы цæмæн баз^арзы, уый. Йæ цæхæр афтæ тыхджын у, æмæ дзы чи бахауы, уый уæларвмæ стæхын кæны, стæй кæм æрхаз’ы з^ый дæр нал базоны. 104
Фати. Раст зæгъыс, фæлæ æз цыфæнды куы стахтаин уæларвмæ, уæддæр дæм мæхи къахæй никуы ’рцыдаин. И р т а г (сагьæс ксены). Уæдæ ам цы ми кæныс? Ф а т и. Æз дæуæй ницуал басусæг кæндзынæн. Æз дын алцы дæр радзурдзынæн. Ды хъуамæ алцыдæр зонай. И р т а г. Уагæры дæм цавæр дз^финаг и?! Фати ( сагъæсгæнгæ.) Мæнæн мæ фыд у наркоман æмæ мæ рарвыста, тыххæй мæ рарвыста, марынæй мæм бартхъирæн кодта, цæмæй дын дæ исбон, дæ бирæ æхцатæ йæхи бакæна. И р т а г (дисгæнгсе). Æмæ дæ фыд цæмæй зоны, мæнмæ æхца ис, уый? Ф а т и. Зоны йæ. Преми кз’ы фæисыс, стæй уырыссаг лото-йы цы ’хца рамб^’лыс, уый газеты нæ бакæсы! И р т а г. Мæнæ диссæгтæ! Ф а т и (хьæлдзæгæй). Ныр дзы фервæзтæн. Ацу, ныр дæхиуæт- тимæ баныхас кæн чындзæхсæвы тыххæй. И р т а г (ныхьуыды кæны). Цыдæр мæ мæ уонг нæ хæссы. Цæй, дæуæй ма йæ цы ’мбæхсын. Ацы фæстаг рæстæджы, цард куы аивта, афтæ аивта адæмæн сæ зонд дæр ,— фæзыгъуыммæ сын ис. Æхцайы цæсты акастысты — æхцайы йеддæмæ дунейыл ницыуал ис. Баууæн- дæн никæуылуал ис быны бынты. Ф а т и. Цæмæн афтæ зæгъыс? И р т а г. Цæмæн, куы зæгъай, уæд ме ’фсымæрты афтæ бамбæр- стон, цыма мын мæ капеччытæм æнхъæлмæ кæсынц, бинонты кой к}^ы бакæнин, уый дæр сæ цыма нæ фæнды. Фати (йæ хуыз фæцыд, зырзыргæнгæ). Ахæм диссаг фыццаг хатт хъусын. Ирон зæххыл, ирон адæмы ’хсæн ахæм хъуыддаг, мæнмæ гæсгæ, никуыма ’рцыд. Кæрæдзимæ нымдзаст сты. Æмбæрзæн Дыккаг ныв Фыццаг нывы фæлгонц. Кæртмæ æрбацыд Иртаг. Хæдзары дуар байгом кодта, бахызт мидæмæ, чысыл фæстæдæр фæстæмæ рагæпп кодта, йæ къу- хы топп афтæмæй. Топпæй иу æхст фæкодта хæрдмæ. И р т а г (хьæр кæны.) Фæдис! Фæдис! Амардтой мын Фатийы! Хъæрмæ кæрты зынынц иугай: Г и г о, А с л а н, Д ж о н и, Н у г и. Г и г о. Иртаг, кæ’м ис дæ мард! Иртаг йæ топп зæхмæ аппæрста, бацыд уатмæ, рахаста Фатийы ту- джывдылдæй æмæ йæ тутайы бын нæууыл æрæвæрдта. Иртаг (хъарæггæнгæ). Цæмæн мын амардтат Фатийы?! Цы уын кодта?! О стыр Хуыцау! Цæмæн мæ фæкодтай ацы хæйрæджы- ты хай?! (Йæ сæр йæ дыууæ кьухæй хойы). 105
Г и г о (хъæрæй). Уæдæ ’мæ марæг дæхæдæг дæ æмæ йæ дзæгъæ- лы мах æфсон ма кæн! Мах зонæм, дæуæн æндæр з’арзон уыдис, æмæ Фатийы уый тыххæй амардтай! А с л а н. Раст у Гиго. Д ж о н и. Мæнмæ дæр афтæ кæсы. Н у г и. Йæ уарзоны тыххæй алчи йæ усы кз’ы марид, уæ& бæс- тыл усы мыггаг раджы сыскъуыдаид! Лæгæн йæ мастыл цæхх мауал кæнзпг! Иртаг (хъсерсей). Мæ тæригъæдæй з’ыл æфсис макзгы æрхæ- цæд! Сымах æфсымæртæ нæ, фæлæ бал-бирæгътæ стут. Æз уæ фыд- дæрадæн мæрдты дæр скæндзынæн чындзæхсæв! Г и г о (йæ лопъо сæрыл йæ къух æруагъта). Мæрдты дæр æй мауал ныууадз! Кæд дæ карæн нæу. Асл ан (йæ галстук бараст кодта). Бабын кодта кæйдæр сывæллоны! Д ж о н и (йæ даргъ роцъо базмæлыд). Аласын æй хъæуы ахæс- тонмæ! И р т а г. Цы ма зæгъдзыстзиг ноджыдæр уе ’намонд æфсымæ- рæн? Зæгъз’т ма мын: цæмæн мын стыдтат уæ чъизи къухы ныхтæй мæ зæрдæйы сæйраг уидаг? Цæмæн мын ахз’ыссын кодтат мæ рагон бæллиц — мæ рз^хс цырагъ? Цæмæн мын нытталынг кодтат мæ дуне? Фатийы марæг йæ тæригъæдæй дæлдзæх фæуæд (Йæ дзытгæй кард фелвæста.) Иннæтæ.фæйнæрдæм фæпырх сты. Г и г о. Дæ кард дæ дзыппы нывæр, æндæра дын æй дæхи хурхы нытътъысдзыстæм! Аслан æмæ йæм Джони дæр æртхъирæнтæ кæнынц фæйнæрдыгæй. И р т а г. Сымах мæ къухæй мæрдтæм бацæуат, уый аккаг не стут, мæ фæстæ мæ бынтыл кæрæдзийы фæцæгъдзпг! (Кардæй йæхи ныррæхуыста æмæ зæххыл з’æлгоммæ ахауди.) Н у г и. Иртаджы риуыл йæ хъус авæрдта. Тагъд дохтырмæ адзу- рут! Æгас у нырма. (Иæхæдæг ын йæ иу къухæй йæ хъæдгомыл ныххæцыд, нннæмæй та йын йæ хæдоны æгънæожытæ уæгъд кæны). Иртаг (йæ сæр ма зынæй рахъил кодта). Дæхæдæг зоныс, Нуги, Фатийы марджыты-иу сбæрæг кæн. (Йæ ныхас фæцис æмæ зæххыл адæргъ и). Нуги Иртаджы систа зæххæй, æмæ йæ уатмæ бахаста, уый фæстæ та Фатийы бахаста уатмæ, йæхæдæг æддæмæ рахызт, дуар сæхгæдта. Нуг-и (хъæр кæны). Фæдис! Фæдис! Амардтой сæ, амардтой! Хъæрмæ Нугимæ ’ввахс балæууыдысты Гиго, Аслан, Джони. Г и г о. Нуги, зæгъ-ма, чи кæй амардта? Нуги (йæ цæссыгтæ сæрфы). Æз журналист дæн, æмæ алцы- дæр сбæрæг кæндзынæн, фехъусдзысты йæ адæм! 106
Г и г о (дуарыл бахæцыд). Дуар æхгæд цæмæн у? Н у г и. Дуар æз сæхгæдтон, цалынмæ милицæ æрбацæуа, уæдмæ йæ никæмæн бакæндзынæн. Гито (хъæрæй). Милицæ дын фыццаг дæхи акæндзыеты, фæлтау хъуыддаг нæхæдæг равзарæм. Æз хъæ^’ы хицауæй уал азы уый тыххæй нæ фæкуыстон, æмæ мæ дæ хуызæттæ асайой: марæг дæхæдæг дæ! . Нуги. Ацы кæртмæ дысон æддагон ничи æрбахызт. Марæг нæхицæй у! А с л а н. Зæгъ-ма, Нуги, кæуыл гуырысхо кæныс? Кæд, мыййаг, дæхæдæг дæ? Иртаджы бынтæй дæ хæрæфырты хаймæ дæ дæндæгтæ рагæй цыргъ кæныс... Н у г и. Марæг чи у, уый милицæ рабæрæг кæндзысты. Марæг у, дысон Йртаджы уатмæ чи бахызт, уый. Джони(мæстыйæ). Цæймилицæйыкойкæныс, марæгдæхæдæг дæ, ды ма йын, горæты цы хæдзар ис, уый исынмæ дæр хъавыдтæ. Н у г и. Уæдæ афтæ: сымахæй йæ алчидæр мæ аххос кæны, æмæ æз цæуын милицæмæ! Гиго. Æмæ дæ чи уадзы милицæмæ? Ныртæккæ дæ ам фысы æргæвст скæндзыстæм. Не ’фсымæры нын æд бинойнаг амардтай, йæ чындзæхсæвы æхца йын фæцъыллипп кодтай æмæ ныр хъуыддаг хъуамæ мах æккой æрбаппарай. Мæрдты бафснай сæхи æхцатæй, Иртаджы хæдзар та мæнмæ-хаз^ы, иуæй хистæр æфсымæр дæн, ин- нæмæй, бригадирæй куы куыстон, }^æд-иу ын арæх ракодтон кус- джытæ, æмæ йæ никæмæн ратдзынæн. А с л а н. Ныр æй бамбæрстон, æдзæсгом, марæг ды кæй дæ, уый. Æхца йын райсын кодтай хæс, 5>ыцы æхцатæй дæхицæн дыууæуæ- ладзыгон хæдзар балхæдтай, æмæ дæ цæмæй хæс фидын ма хъæуа, уый тыххæй Иртаджы йæ бинойнагимæ амардтай, йе ’хцатæ дæр ын адавтай. Æмæ ма дæ ныр та йæ хæдзар дæр.æрхъуыдис? Г и г о. Марæг ды дæ, Аслан! Цал хатты йын басастай йæ дуар æмæ йын цал хатты рахастай йæ фæллæйттæ? Ныр дæр дæгъæл дæумæ ис, уæдæ Фатийы амардтай ды! Ас’ла н. Хæдзар æнæуи дæр мæнмæ хауы. Иртаг æй кз^ы арæз- та, уæд æм æз бирæ цæмæйдæрты фæкастæн: ахуыргæнæг уыдтæн æмæ йæм скъоладзауты æхх}>ысмæ æрвыстон. Хæдзары æз цæрын, æмæ мæн у. Лæг чи у,-.уый мæ ныхмæ рацæуæд, æндæра йæ мæрд- тæм нæ барвитин! Джони. Куыд дæу у, каед æмæ дзыкусгæ мæнæй фылдæр ничи бакодта, }'æд?--Куьщ кæстæр æфсымæр, афтæ хæдзар хаз^ы мæнмæ! Аслан. Джони, марæг уæдæ ды дæ! Дысон дæ мæхи цæстытæй федтон ацы кæртмæ цæугæ! Д ж о н и. Æз сын хæринаг æрбахастон, фæлæ марæг ис не ’хсæн. А с л а н. Æз дæр сын хæринаг æрбахастон, фæлæ мæ размæ та Гиго 5>ыд уым.. Марæг æз нæ дæн! Фæлæ бæрæг у, марæг не ’хсæн кæй ис! Г и г о. Æз дæр сынхæринаг æрбахастон. Куы сæ рацыдтæн, уæд мæм дардмæ сæ хъæлæба хъуыст. Марæг Иртаг йæхæдæг у! 107
Н у г и (дамбацайæ хæрдмсе сертæ æхсты фсекодта). Нысса- быр ут, хъæдысырдтæ! Иртаджы удæгасæй бахордтат, амардтат æй... Ныр ын йæ-мард бафснайыныл дæр нæ хъуыды кæнут, фæлæ йын йæ бынтыл кæрæдзийы хæрынмæ фестзпг куыйтау. Г и г о. Æз, куыд уæ хистæр æфсымæр, афтæ уын зæгъын: Ир- таджы бынтæ не ’хсæн æмхуызон адих кæнæм. Н у г и. Ницы дын дзы раз^айдзæнис! Дæ былтæ дзæгъæлы ма сдæр! Байхъусут, æмæ дысон мæхи цæстæй цы федтон, æмæ мæхи хъустæй цы фехъз’ыстон, уый уын радззфон. Г и г о. Нуги! Дæ аргъæз’ттæ ныууадз, фæлæ æхцатæ ардæм ра- хæсс! Мæрдты бафснайын хъæуы, кæннод ныл адæм фæхзтъдзысты. Нæ йæ зонзгт, Иртаг æдылы з^ыдис, згьш? Уæдæ ацы трагеди дæр йæхи арæзт у! Н у г и. Æдылытæ сымах уæхæдæг уыдыстут, Иртаг цы адæймаг уыдис, уый чи нæ бамбæрста! А с л"а н. Дæ мад æй хорз æмбæрста, лæгъз ныхас кодта йемæ æмæ йын йе ’хцатæ сайдта. Иртаг æдылы уыдис æмæ бæллæх йæхæ- дæг сарæзта! Джони (худгæйсе). Мæнгæн нæ бакæнынц, кæстæр, дам, зонд- джын вæййы! Иу дæр уæ нæ ахъуыды кодта, кæд, мыййаг, трагеди Фатийы аххосæй æрцыд! Иртаг та æдылы куы нæ уыдаид, уæд згый хз’ызæн рæсз^гъд æмæ æвзонг чызг зæронд лæджы фæстæ цæмæн фæцæуы, уый бамбæрстаид. Нуги. Уый раст нæу. Фати Иртаджы афтæ бирæ уарзта, æмæ йæ куы нæ ракз^ырдтаид, згæд йæхи амардтаид. Марæг ис не ’хсæн. Г и г о(зсеххсей дур фелвæста семæ йсе сарсезтаНугийы сæрмсе) Н у г и иуварс агæпп кодта æмæ дур йæ сæры фæрсты атахтис. Куыдзы хъæвдын! Мах дæ куынæ схъомыл кодтаиккам, уæд дæ дæ хæлиудзых фыд æххормагæй раджы ныммардтаид! Ныр та ныл тз^гтæ мысыс. Иртаг та рагæй дæр æдылы уыдис æмæ æдылы митæ фæкодта. Н у г и. Иртаг мæнæн загъта, йæхи барæй æдылы кæй рахз’ыдта, уый. А с-л.а н (худгсейсе). Æмæ ууыл-чи базо^нддзæн? Æдылытæ сæхи зондджын куы хонынц, уэёд ма искуы уый дæр уый уыд, æмæ зондджын лæг йæхи æдылы рахона? Джони (хъселдзсегсей). Никз^ы фехъуыстат, чи, дам^ кæй хз’ы- зæн у, з;ый фарс хæцы, зæгъгæ? Мæнæ з’ын Нуги та дыккаг æдылы. Из’ хатт нæ мадмæ дыууæ азы дзыхæй нæ дзырдта, дон ын кæй æрба- хæссын кодта, уый тыххæй. Н у г и. Мæнæ царциаты диссæгтæ! Ай хæдзар æцæг æдылытæй куы байдзаг, Иртаг йæхи æдылы з’ымæн рахуыдта, цæмæй йæ иу ран ныз’уадзат, цæмæй йын рæстæг уыдаид наукон æмæ сфæлдыстадон кз’ыст кæнынæн. Æдылы адæймаг ахæм æмдзæвгæтæ ныффысдзæн? (Кæсы Иртаджы семдзсевгсе). 108
Никæмæй ницы ракуырдтон, Сабийæ райдыдтон кусын. Мæ къахæй дур дæр н ’акъуырдтон, Уарзон аргъæуттæм хъусын. Кæмæн цы фæдæн — нæ дзурын, — Мæ сæрмæ дæр æй нæ хæссын. Ног азы зæдтæй та курын, Цæмæй мын амонд æрхæссой! Г и г о.' Æмдзæвгæтæ фыссыны бæсты афоныл ус куы ракуырдта- ид, сывæллæттæ куы схастаид, уæд ын абон мах йæ бынтыл нæ кæ- рæдзийы нæ хæриккам. Н у г и (хъæлдзæгæй). Иу нæ, фæлæ цалдæр сывæллоны схъо- мыл кæндзæн! Аслан (дисгæнгæйæ). Уый та куыд? Мæрдты бæсты? Д ж о к:и'(мсенг худт бакодта). Мæнмæ гæсгæ Нуги уырнджы- тæм бацыди. Нуги та дамбацайæ иу æхст фæкодта, иннæтæ сæ бынæтты дурдзæф фесты. ." \ "’ _ -; ’ ’ Н у г и. Дысон, æхсæвы фыццаг сахатыл Гиго ныццыдис Ир- тагмæ, куырдта дзы йæ сывæллæттæн горæтьт хæдзар балхæнынæн æхца. Гиго куы рацыд, уæд та йæм фæзынди^Аслан, мæ дæппуйы, дам, мын давды тыххæй ахсынц, æмæ, дам, мын æхца ратт æмæ сæ милицæйæн бафидон. Асланы фæстæ та йæ^фæзындис Джони, мах, дам, æнæзæнæг стæм, æмæ, дам, нæ Мæскуымæ ацæуын хъæуы, нæхи, дам, дохтыртæн равдисæм æмæ, дам, нæ æхца хъæуы, бирæ æхца. Джони куы ацыд, уæд Иртаг уыцы мæстджынæй, ставд цæссыгкалгæ æрбалæууыд мæнмæ æмæ мын ацы диссаджы-^хабæрттæ фæкодта. Мæ зæрдæ тынг фæрыстис. Мах хорз зонæм,гйртаг махæн цы æх- хуыстæ фæкодта, ^^ый ус куы ракуырдта, уæд?, хъуамæ нæ къах- фындзтыл кафыдаиккам фырцинæй. Сымах та йын йæ мæлæтмæ бæл- лут — уый Иртаг йæхи хъустæй фехъуыста,. Иртаг æмæ Фати мард не сты! Мæнмæ Иртаджы тæригъæд афтæ бахъардта. æмæ сфæнд код- тон, цæмæй уæ чи цы у, уый базоной Иртаг дæрæмæ Фати дæр. Æмæ ацы хаоар æрхъ^^ыды кодтон. Ныр та.уæ фыдæнæн чындзæх- сæв. (Бауайы семæ уаты дуар баксены.) Иртаг æмæ Фати рацæуынц, тутайы бын кæргедзийы ныхъхъæбыс кæнынц. Æмбæрзæн К æ р о н
Сæргæндтæ Мæхитыххæй . .. . ’. 5 Радзырдтæ Фыдыкъандзол 7 Мæ дзæбæх худ 8 Мæ кæстæр æфсымæр Габа 10 Зузи... , ...; 11 Къухæйтулгæ цалх ..13 Калм .14 Изо ..'.-...,.:....,.. ....... 15 Нæ тутабяелас ......16 Нæ къуыбырсы-уæнгуытæ 18 Уыцы дард бонтæ 21 ~" Нæ хъуджы цæссыгтæ ..... 24 Надарбазы цад 26 Мæ галиу цонг 29 Батыры хæддзæугæ 38 Мæвелисопед . 39 Мæ хъулон уæрццытæ 40 Цæхæратæ 41 Мæ велосипед æмæ балты къалати 42 Былтыцæф 44 Этерæ æмæ Харчилы хъуыддæгтæ ..; :.......... 45 Æмбæхстытæй хъазт 47 Къолозы бур бæх , ^_48 Мæмад æмæ Душа .7._52 Уыцы сæрдыгон бон : 54 Сыгъзæрин майдан 58 Мæ фыд ахæстонмæ куыд хауди 60 Уыцы сау калм >. 64 Полинæ 65 Уала æмæ Сала 70 Сусæг цæссыгтæ 73 ’. Тутабæласы рæгъ 77 Уарзтытых ; 79 Амыран 80 Тутайы цæссыгтæ ’. 81 Хæйрæджы аххос 82 110
Уацирæт 83 - Бон цæуы æмæ фарн хæссы 86 Стыр хидыхъус 88 Дыууæ чиныджы тыххæй 90 Ирон фарн — Нарты кадджытæй Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой 92 Сатанайы райгуырд 93 Уырызмæг Сатанайы куыд ракуырдта 94 Уастырджи æмæ Маргъуызы кадæг 96 Иртаг (Иуактон пъесæ) 100
Литературно-художественное издание ТЕХОВ ВАЛЕНТИН ВЛАДИМИРОВИЧ Тутовник наш любимый Рассказы и пьеса на осетинском языке Редактор С.З. Хугаев Художник Б.Г. Дзиов Художественный редактор Г.З. Чеджемты Технический редактор А.В. Ядыкина Корректор Э.Дз. Баликоева Компьютерная верстка З.С. Мисиковой Сдано в набор 28.01.08. Подписано к печати 03.03.08. Формат бу- маги 60х84'/|й, Бум. офс. №1. Гарн. шрифта «Кудрящов». Печать офсетная. Угл.-п. л. 6,51. Учетно-изд. л. 7,10. Тираж 500 экз. ЗаказХд 1031. С. 17. Комитет Республики Северная Осетия—Алания по печати и делам издательств. ’ ГУП РСО—Алания «Издательство «Ир», 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25. Отпечатано с готовых диапозитивов в ОАО «Издательско-полиграфи- ческое предприятие им.В.А.Гассиева», 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана,16.